Author: Макиев Л.И.  

Tags: пьесы  

ISBN: 5-7534-0697-1

Year: 1995

Text
                    Ме ’фсымæр Гришы рухс ном
арын мæ чиныгæй. Фæмард
Фыдыбæсты Стыр хæсты.
АВТОР


МÆХЪИТЫ ЛАВЕР ПЬЕСÆТÆ ЧИНЫГУАДЗÆН «ЦР» 1995
84 Осет М-54 Мæхъиты Л. М-54 Пьесæтæ. — Дзæуджыхгьæу: Ир, 1995 — 237 с. Макиев Л. И. Пьесы. 15ВЫ 5-7534-0697-1 Пьесы посвящены жизни молодежи военных и после- военных лет. В иих осуждается предательство, высмеива- ется тунеядство, восхваляется героизм и самоотверженный4 труд. 4702500203—31 М1 88—95 84 Осет М131(03)-95 15ВЫ 5-7534-0697-1 © Макиев Л. И., 1995»
МÆХЪИТЫ ЛАВЕР Ирон театр чи уарзы, уыдонæй ахæм нæ разындзæн .æмæ, Мæхъиты Лавер цы фæлгонцтæ сарæзта, уыдон кæй цæстыты раз нæ баззадысты, чи сæ ферох кодта. Æмæ æниу куыд хъуамæ ферох уой Мытыл (Токаты А, «Усгуртæ»), Ситарби (А. Халидов. «Бодз Али»), Шма- гæ (Н. Островский. «Æнæ аххосæй аххосджынтæ»), Дуртула (Брытъиаты Е., «Амран»), Дзандар (Плиты Г. «Чермен»), Датъуа (Туаты Д. «Хистхортæ»), Урядник (Туаты Д. «Хæрзойты Фатимæ») æмæ бирæ æндæртæ. Цард афтæ куы ныззылдаид æмæ Лавер артистьг куыстыл куы нæ ныххæцыдаид, театрмæ куы нæ бахау- даид, уæд та цымæ цы уыдаид? Уæддæр уыдаид артист, æрмæстдæр артист. Уымæн æмæ адæймаг æрдзæй стыр курдиат куы рахæссы, уæд уый вæййы аразæг, уыцы курдиат. Уый йæхи бакæны адæймаджы æгасæй дæр, уый свæййы йæ хъысмæт. Мæхъиты Лавер райгуырди 1914 азы Хуссар^Ирыс- тоны, Едысы хъæуы. 1920 азы сæ бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ, æрцардысты Ногиры. Æстæм кълас каст куы фæци, уæд кусынмæ бацыд Беслæны маисон комбинатмæ æмæ стыр разæнгардæй райдыдта цæуын, уым, комбинаты, цы драмон къорд уыди, уырдæм. Аф- тæмæй йæ царды фæндæгтæ сæмбæлын кодтой Кокойтьг Тæтæрхъаныл. Уый уыди 1938 азы. Тæтæрхъан агуырд- та, Хуссар Ирæй Мæскуымæ, театралон институтмæ цы суинаг артистты къорд арвыстой, уырдæм ма чи хъуыд, ахæм дыууæ лæппуйы. Æмæ йæ хъул сах абадт: Мæ- хъйты Лавер æмæ Таугазты Гаврил — Хуыцау дын ахæмтæ авæра! 5
1941 азы фесты ахуыр æмæ куыстой Сталиниры драмтеатры. Цыппар азы куы бакуыста, уæд Лаверы æрхуыдтой Цæгат Ирыстонмæ æмæ кусын райдыдта бы- нæттон ирон театры. Ам райхæлди Лаверы стыр кур- диат, ам ссн адæмы уарзондæр артисттæй иу. Æмæ цас æхсызгон цинтæ æрхаста дзыллæтæн уыцы бирæ азты дæргъы Мæхъийы-фырт! Цас аивад, уыд йæ алы акъах- дзæф, йæ алы фезмæлд, йæ алы сныхасы! Уыимæ йæ алы фæлгонц дæр — хæдбындур. Лаверы биографийы сæрмагонд бынат ахсынц хи- хъæппæрисадон драмон къордтæ. Афтæ куы зæгъæм æмæ Ирыстоны горæттæ æмæ хъæуты уыдоны фæдыл Лаверы бæрц ничи фæрацу-бацу кодта ,уæд нæ фæрæ- дидзыстæм. Ноджы афтæ куы зæгъæм, æмæ-иу Лавер- цы къордæн ныллæуыд разамонæгæй, уый-иу йæ хуыз скалдта, сæрттывта-иу архайджыты курдиат — уæддæр нæ фæрæдидзыстæм. Уымæн æвдисæн у уыцы хъуыддаг дæр æмæ нæ адæмон театртæн сæ фылдæр адæмон сис- ты, аивадон разамынд сын Лавер куы лæвæрдта, раст уыцы рæстæджы. Уый театр, театралон аивад афтæ би- рæ кæй уарзы, йæ зæрдæйы æвæрæнтæй йын кæй ницы хæлæг кæны, уымæн афтæ у. Театр афтæ бирæ кæй уарзы, уыцы сыгъдæг æнкъа- рæнтæй райгуырдысты ацы пьесæтæ дæр. Æвæццæгæн æй Лавер йæхæдæг дæр дзæбæх нæ хъуыды кæны, пье- сæ ныффысса, уыцы зонд æм фыццаг хатт кæд æрцыди. Фæлæ йæм æрцыди уьтцы зонд æмæ йе ’мдзæрин баци. Фыста куыстæй сæрибар сахæтты. Иу бон-иу кæй ныф- фыста, уый-иу дыккаг бон ныххæххытæ кодта, уæддæр йæ ныфс нæ саст, йæ зæрдæ нæ хъæбæр кодта, цы фыс- та, уымæ. Æмæ дзæгъæлы нæ фæци йæ фыдæбон. Фæрæстмæ сты йæ пьесæтæ—цы тематикæ, цы сæ равæрд, цы се ’взаг, цы, сценæйы иттæг хорз кæй сфидауиккой, уый! Уымæй дарддæр сын чиныгкæсæг йæхæдæг фæуæд тæр- хонгæнæг. 6
ÆРМÆСТ ÆЙ ЗОНЫ ÆНГУЗ БÆЛАС Æртæархайдон драмæ АРХЛЙДЖЫТÆ -Нинæ Тотырбег 3 æ л д а Дзодзæбе С о п и А г у ы б е К ъ от а Д з и б ы л ФЫЦЦАГ АРХАЙД Архайд цæуы Цæгат Ирыстоны 1937—1945 азтьт. Æмбæрзæп байгом кæныны агъоммæ райхъуысы рæсугъд лирикон зарæджы мыртæ — фыццаг сабыргай, стæй тынгæй-тынгдæр. Сценæ талынг, авансцеиæпы бæрæгастæу лæууы Дзодзæбе. Рухсгæ- нæн ын фыццаг йæ цæсгом ныррухс кодта, стæй — йæ сæрæй йæ къæхтæм... Хъусы зарæгмæ. Дзодзæбе. Бирæ уарзын ацы диссаджы зарæг- мæ хъусын. Куы йæм фæхъусын, уæд алыхатт мæ зæр- дыл æрбалæууы æнгуз бæлас... Уыцы рагон бæлас... Рухс æрхуыссыд. Иу уысммæ æмбæрзæи сындæггай байгом, ныррухс сценæ. Сценæйы астæу — æпгуз бæлас, фæйнæрдæм уæрæх фæцыд. Иæ быны бандон хъæды лпггагæй. Йæ рахиз фарс чысыл фалдæр къутæртæ, йæ га- лиу фарс хид бæласмæ æрбацæуæны... 7
Д з о д зЪ’бе й ы~ къухы. къухыхæсгæ рæуæг чырын,' æрбахызт хи- дыл бæласмæ, сындæггай разылд сценæйы ’рдæм. Дзодзæбе. Æмбисондæн баззад æнæхъæн хъæу- бæстæн. Раджы уыдис, тынг раджы, æнгуз бæлас баз- задис иунæгæй. Дзурынц зæрæдтæ, зæгъгæ, дам, йæ фарсмæ лæууыдис егъау кæрдо бæлас. Æнæхъæн хъæу дæр сæ хуыдтой æнæфæхицæнгæнгæ æмгæрттæ... Бал- цæй искуыцæй куы раздæхын, уæд мæ цæмæйдæр йæхи- мæ фæсайы... Ныр дæр та афтæ. Бацыд æнгузы размæ, йæ разы æрлæууыд, йæ чырын æрæвæрдта бæласы бын æмæ бæласмæ хæрдмæ кæсгæйæ баззад. Уыцы рæстæ- джы 3 æ л д а æрбахызт хидæй, ауыдта Дзодзæбейы. Зæл- да иуцасдæр лæугæйæ аззад, стæй бацыд бæласмæ. Дзодзæбемæ кæсы комкоммæ. Дзодзæбе фæзылд Зæлдайы ’рдæм, кæсы йæм цы- мыдисæй, бæрæг у, кæддæры зонгæ чызджы хуызæн æм кæй кæсы... Стæй йæ æрхъуыды кодта, базыдта йæ æмæ йæ размæ бакъахдзæф кодта. Дзодзæбе. Зæлда?! 3 æ л д а (Дзодзæбемæ æнæнхъæлæджы каст фæ- кодта). Кæд нæ рæдийын, уæд Дзодзæбе нæ дæ? Дзодзæбе. Зæлда, уый дæн. Кæрæдзимæ цæуынц, стæй æнæфсармæй кæрæдзийæн ныхъхъæбыс кодтой. Мæнæ нæртон диссæгтæ. О мæ рафæлдисæг, адæй- маджы сæнттæ æнæнхъæлæджы куыд æрца;уынц! Æз Мæскуыйæ, ды та Ташкентæй æмæ комкоммæ нæ фæрн- джын бæласы хъæбысмæ!.. З.æлда. Кæс-ма, æцæг дæр афтæ куыд, рауадис... ,Дзодзæбе. Зæлда, нæма мæ ферох сты, нæ куы- рыхон зæрæдтæ-иу дзæгъæлы нæ загътой, зæронд бæ- лас, дам, хъæуы фæсивæдæй искуы исчи искуыдæм бал- цы куы цыд, уæд, дам-иу ыл йæхи бафæдзæхста, фæн- дараст куыд фæуа æмæ гас хæдзар куыд ссара... (Йæхи , 8
фембаргæйæ.) Хатыр, Зæлда, ме ’нæрхъуыдыйы тых- хæй (Иæ къухтæ дæлæмæ æруагъта æмæ йын тæфæр- фæс ракодта.) Рухсаг уæд Нинæ, тынг фæхъыг кодтон, Хуыцау дын дæ зæрдæ срухс кæнæд. Зæлда. Бузныг, Дзодзæбе, æхсызгон дын кæм уы- даид... (Иæ цæссыгтæ сæрфгæйæ.) Бæргæ ма йæ фæн- дыдис йæ райгуырæн бæстæ фенын, фæлæ йæ къухы нал бафтыдис... Дзодзæбе. Рухсаг уæд. (Иу уысмы фæстæ.) Зæлда, абон æрхæццæ дæ? Зæлда. Знон... Дыууæ боны размæ дын райстон дæ фыстæг æнæнхъæлæджы... Къуыри раздæр та рай- стон фыстæг не скъолайы фæскомцæдисæй. Дзодзæбе. Скъолайы фæсивæдæй та цæй фæ- дыл райстай фыстæг? Зæлда. Сæ фыстæджы мæм зæрдиагæй^ хатынц, цæмæй сын мæ мад æмæ мæ фыды тыххæй бæлвырддæ- рæй фæдзурон... Дзодзæ... Хатыр, Дзодзæ дæ кæй схуыд- тон... Мах дæ скъолайы иууылдæр афтæ хуыдтам... Дзодзæбе. Мæнæн та тынг æхсызгон уыди, Дзо- дзæ мæм кæй сдзырдтай, уый. Мæ зæрдыл мын æрба- лæууын кодтай ме ’взонджы бонтæ... Æз дæр м*а йæ хъуыды кæнын. Мах та дæу хуыдтам Зæла фырбуцæй... Цæй æмæ нырæй фæстæмæ кæрæдзимæ дзурдзыстæм не ’взонджы бонты нæмттæй. Зæлда. Фæуæд афтæ дæр... Хатыр, Дзодзæ, дæ фыстæгæн дын дзуапп кæй нæ радтон, уый тыххæй... Дзодзæбе. Тынг хорз бакодтай, кæй нæ радтай дзуапп, уымæй. Кæсыс, æнæ дзуапп ратгæйæ дæр кæрæ- дзийыл сæрæгасæй сæмбæлдыстæм æнгуз бæласы хъæ- бысы... 3 æ л д а. Æцæгæйдæр, цыма æмдзырд бакодтам, афтæ рауад нæ фембæлд... Мæ зæрдыл æрбалæууыды- сты не ’взонджы бонтæ... Дзодзæбе. Мæнæн дæр раст афтæ... Зæла, хъуы- ды ма кæныс — уæд ма æстæм къласы ахуыр кодтам — 9
не скъолайы фæскомцæдисонтæ иумæ нартхор тыдтам. Уæртæ уым, Æрхондоны былмæ æввахс?.. Зæлда. Куыннæ ма, раст цыма абон уыдис... Фæс- комцæдисы секретарь та нын ды уыдтæ. Иу сихорафон чызджытæ сфæнд кодтой, нæхи, дам, анайæм Архондо- ны^ мæн та скодтой сæхицæн хъахъхъæнæг. Д з о д зæ б е. Кæс-ма, Зæла, не ’взонджы бонты цаутæ уайтагъд зæрдыл куыд æрбалæууынц... Хъуыды ма кæнын, уыцы бон сихорафон мах райкомы секрета- римæ уæлæмæ ссæйцыдыстæм бидаркæйы. Уалынмæ дын чызджыты æмхудт куы æрбайхъуысид. Æз æй уай- тагъддæр базыдтон, чызджытæ, зæгъын, сæхи найынц. Секретарь дын куы фæкæнид, цæй, нæ, дам, сæ хъыг- дардзыстæм. Æз рахызтæн бидаркæйæ, уый та райком- мæ ацыд... Æз мæхи фæаууон кодтон, уалынмяе чыз- джытæ заргæ ацыдысты, æз сындæггай ссыдтæн уæлæ- мæ, кæсын æмæ дын ды къутæры бын куы бадис, дæ къух дæ русыл, æмæ фаллаг фарсмæ кæсыс... Æз исдуг ницы сдзырдтон, зæгъын, мыййаг, куы фефсæрмы уай. Стæй уæддæр мæхи нал баурæдтон. Зæла, зæгъын, ца> вæрдæр сагъæс дæ йæ хъæбысы æрбакодта... Мæ зæр< дыл ма лæууы, ды æнæ сныхасæй уьщы гæпп фæкодтай, дæ дзабыр дæ къухæй куы ’рхауид, афтæмæй фæлидзыс, æз дæ фæдыл, фæлæуу-ма, зæгъын, мæнæ дæ дзабыр ам байрох кодтай... Зæлда. Æцæгæй дæр, царды цыдæр ис... Раст цы- ма йæм киномæ кæсын, æцæг уыдис афтæ. Æз дæм нартхæрттæй аивæй фæстæмæ фæкастæн, ды дзабырмæ кæсыс æмæ æрбадтæ. Æз уыцы згъордæй — станмæ. Со- фиа нын хæринаггæнæг уыди — къустæ æхсы, сихор хæ- рын, дам, дæ рох фæцис. Ницы, зæгъын, мæ хъæуы. Цы, дам, кæныс? Цыдæр фæлурс дам, дæ. Мæ сæр, зæ- гъын, риссы, ме уæнгтæ. Софиа мын йæ къух мæ ныхыл авæрдта. Кæс-ма, дам, æцæг, дам, тæвд куы дæ. Уый дын мын уат куы акæнид хъæмпыл, цыдæр хæррæгътæй мæ ’рæмбæрзта. 10
Дзодзæбе. Ард дын хæрын, уыдон мын Софиа хррзæрæджы йæ фыстæджы мæ зæрдыл æрлæууын код- та. Хъуыды ма кæнын, дзабыр мæ къухы, афтæмæй мыл Софиа хъæртæ кæны, искуы ма, дам, дæ сихор хъармæй бахæр... Мæ къухмæ мын фæкомкоммæ ис, уый та, дам, дын кæй дзабыр у? Зæлайы дзабыр, æвæц- цæгæн, зæгъын, сихормæ тагъд кодта æмæ йæ дзабыр скæнын æрбайрох кодта. Кæсын æмæ дын хъæмпыл чи- дæр хуыссы... Ай та ма, зæгъын, куыстафон чи хуыссы? Софиа афтæ, уый, дам, Зæла у, фæрынчын, дам, ис мæ- гуырæг. Ау, æмæ ма, зæгъын, ныртæккæ дæр дзæбæх куы уыд... Тæвд, дам, æм ис. Рахæсс-ма, зæгъын, тæвд- барæн. Мах ын ныртæккæ йæ тæвд абардзыстæм. Уæд ды де ’мбæрзт иуварс фехстай, дзабыртæ дæ къæхтыл акодтай, чыргъæдмæ фæлæбурдтай, алчи, дам, йæхи тæвд куы барид, æмæ азгъордтай. Мах Софиаимæ ху- дæгæй бакъæцæл стæм. Уæд дын мын Софиа афтæкуы бакæнид: гъей Дзодзæ, мæнмæ гæсгæ, дам, уыцы гыц- цыл дзабыры хуылфы егъау роман хъомыл кæны... 3 æ л д а. Дзодзæ, знон Минводы дыууæрдæм ракæс- бакæс кæнын, гъæй тæхуды, зæгъын, иу ирон ныхас фе- хъус... Уæд дын мæ рæзты æртæ лæппуйы фæуайы, ам, дам, нæм æнхъæлмæ кæсдзæн искуы. Æз сæ фæстæ кæсгæйæ аззадтæн. Уалынмæ дын фæстæмæ фездæхты- сты æмæ мæм комкоммæ кæсынц, сæ иу мæм хæстæг æрбацыд æмæ мæ афарста, Ташкентæй, дам, нæ дæ? О» зæгъын, Ташкентæй дæн. Зæлда, дам, нæ дæ? О, зæ- гъын, уый дæн. Сымах та, зæгъын, чи стут. Мах та, дам, стæм Хъобанæй, Тасолтаны лæппутæ. Мæхи сыл бап- пæрстон, фырцинæй мæ цæссыг æркалди, уыдон дæр аф- тæ... Куыд адджын у фыдыбæстæ, мады зæнæг... Дзодзæбе. Зæла, ай-гъай, раст дæ, зынаргъ у фыдыуæзæг, уæлдайдæр та, де ’взонджы бонтæ кæимæ æрвитай, у|ыдом... Зæла, зæрдиагæй мæ фæнды базонын дæ царды тыххæй. 3 æ л д а. Табуафси, Дзодзæ. 11
Дзодзæбе. Зæла, чындзы ацыдтæ? 1 Зæлда (иуцасдæры фæстæ). Нæма, Дзодзæ, пæ{ ма мæ равдæлдис... Стæй мæ рох дæр фæцис мой скае- нын ме ’намондæн... Дзодзæбе (Зæлдайы хъуыды бамбаргæйæ, йæ- хиуыл фæхæцгæйæ). Хатыр, Зæла, дæ зæрдæйы цыдæр арф хъуыды æмбæхст ис... Цæуылнæ йæ зæгъыс æрго- мæй? 3 æ л д а (йæ мидбылты бахудгæйæ). Æргомæй зæ- гъыс?.. Цæй, нæ хъæуы уыдон ногæй фæстæмæ мысын» Нæ хъæуры... Дзодзæбе. Зæла, зæгъ æй, зæрдиагæй мæ фæн- ды йæ базонын. 3 æ л д а (иуцасдæры фæстæ зæхмæ кæсгæйæ арф ныуулæфыд). Дзодзæ, ахъуыды ма кæн æвзонг мад æмæ чызг сæ бæстæ, сæ райгуырæн хъæуæй куы али- дзынц æндæр, дард бæстæм æнæ рæвдыдæй... уæд ма уыцы мад æмæ æвзонг чызджы риуты хъæрмуд зæрдæ- тæ баззайы? Уæлдайдæр та æвзонг чызджы зæрдæйы?.. Уарзты монцты бæсты уыцы зæрдæйы сæвзæры дойнаг дур! Дзодзæ, æрмæст æй ды дæхимæ ма бамбар... Дзодзæбе. Зæла, стыр хатыр дæ курын, ацы ран æз дæн сæйрагдæр аххосджын дæ разы... Зæлда. Дзодзæ, ахæм уавæрты æцæг æрбайрох вæййынц чындзы цæуынтæ... (Йæ зæрдæ суынгæг ис, иу- варс азылд æмæ йæ цæссыгтæ асæрфта.) Дзодзæ, хатыр, мæ цæссыгтæй дын мæхи кæй буц кæнын, уый тыххæй. Дзодзæбе. Ницы кæны, æз дæ æмбарын, Зæла... Æз дæ хатыр курын, ме ’взонджы бонты рохæй кæй баз- задтæ, уый фæдыл. Зæлда. Дзодзæ, чи зоны æмæ ды дæр уыйбæрц аххосджын нæ дæ, царды аххостæ дæр дзы бирæ ис... фæлæ уæддæр цард цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Таш- кснты сидзæр уавæрты нæ цардыстæм. Мæ фыды æфсы- мæры лæппу Ладемыр уым цæры, 15 азы бæрнон куыст 12
кæны партийы обкомы... Гыццимæ мæн тыххæй рагæй «фыста, цæмæй Ташкенты университетмæ бацæуон, .уый тыххæй. Куыддæр ныххæццæ стæм, афтæ Гыцци бацыд хæстон комиссариатмæ, уыцы сахат æй куысты сæвæрдтой, хæдзар нын радтой, хæстон комис- •сариаты курдиатмæ гæсгæ мæн университетмæ айстой. Ахуыр кодтон немыцаг æвзаджы фæкультеты. Гыцци та ’бацыд уыцы фæкультетмæ фæсаууонмæ ахуырмæ... Фæ- .дæн æй каст хорз бæрæггæнæнтимæ æмæ мæ уымæ гæс- гæ ныууагътой университеты кусгæйæ, лаборантæй... ■Фæсаууонмæ фæдæн англисаг æвзаджы факультет .дæр... Гыццийы фæдзæхстмæ гæсгæ курдиат балæвæр- .дтон университеты ректоратмæ, цæмæй мын аспирангу- рæмæ бацæуынæн бар радтой. Радтой мын бар, ахуыр кæнын аспирантурæйы. Уый дын мæ царды цаутæ. Дзо- дзæ, радзур ма мын ды дæр ацал-ауал азы кæмыты цардтæ? Дзодзæбе (ахъуыды кæнгæйæ). Æз дæр раст афтæ, Сыбырмæ ацыдтæн. Красноярскы куыстон заво- ды, иу афæдзы бæрц дзы акуыстон, стæй бацыдтæн мед- институтмæ. Фондз азы дзы фæахуыр кодтон. фæдæн æй, ^стæй мæ арвыстой Норильскмæ кусынмæ. Уым бакуыс- тои хирургæй æртæ азы... Уырдыгæй мæ арвыстой Мæс- куымæ медицинон Академимæ, ординатурæмæ. Æртæ азы та уым фæахуыр кодтон æмæ ныр уым кусын. Хæ- .дзар мын радтой, цæрын зыбыты иунæгæй нырма... Уый дын мæ царды хабæрттæ цыбырæй. 3 æ л д а. Диссаг та куыннæ у, азтæ куыд тагъд тæ- хынц... Дзодзæбе. Зæла, хъуыды ма кæнын, сымах æвиппайды куыд фæраст стут... 3 æ л д а’. Ташкентæй нæм Ладемыр телеграммæ радта æмæ æвиппайды фæраст стæм, куырдта, цæмæй тагъд ныххæццæ уыдаиккам, августы тæккæ экзаменты рæстæджы. Дзодзæбе. Зæла... Хатыр мын фæуæд, фæнды 13
мæ демæ зæрдиагæй аныхас кæнын... Кæд мын бар рат- дзынæ, уæд. I Зæлда. Табуафси, Дзодзæ. { Дзодзæбе. Мах, Зæла, дыууæйæ дæр цард кæ- рæдзийæ фæхицæн кодта. Нæ бæстæйы алы къуымтæм нæ аппæрста хъысмæт. Раст цыма кæрæдзийæ фыддæ- радæнгæнæгау тæргай фæлыгъдыстæм, афтæ. Ды — Ас- тæуккаг Азимæ, æз та—Сыбырмæ... Фæлæ, Зæла, æцæг раст у, зæронд æнгуз бæласы фарн нæ, æвæццæгæн, кæ- рæдзийæн фенын кодта, æрхуыдта нæ нæ райгуырæн хъæубæстæм, нæ Ирыстонмæ!.. Зæлда. Раст дæ, Дзодзæ, цард æцæг диссаг у... Фæнда дæ-нæ фæнда, уæддæр æнæнхъæлæджы... Ца.рд йæхиуæттæ кæны... Дзодзæбе. Зæла, зонын æй ,фыды рæвдыд нæ федтай, цы чындæуа, Тотырбегæн йæ дуг, йæ хъысмæт ахæм тæрхон рахаста... йæ иунæг хъæбулы уындæй нæ бафсæстпс... Зæла, дæу хуызæн сидзæртæ нæ бæстæйы бирæ ис, уæддæр афтæ фæзæгъынц, мад æмæ, дам, фы- ды фарн мæрдтæм нæ цæуы. Фæлæ, сæ фæстæ цы кæс- тæртæ ныууадзынц, уыдоиæч баззайы... Зæла, мæхир- дыгæй æз афтæ зæгъын: гъæй, тæхуды, ныр æй куыд æм- барын, афтæ йæ куы æмбæрстаин, æмæ мæм ныры хъа- ру куы разындаид, уæд ныртæккæ дæ разы мæхи къæм- дзæстыг æмæ аххосджыныл нæ нымаин... Зæла, гъеныр нæ дыууæ дæр царды рæсугъд миниуджытæй æххæст стæм... Æрмæст ма иу хъуыддаг баххæст кæнын ба- хъæудзæн... Зæла, æргомæй йæ зæгъын дæ разы... Æр- мæст дæ курæг дæн, æнæрхъуыды, æнæсæрфат ньтхæс- тыл мын сæ ма банымай... Зæла, æвæццæгæн æмæ нæ амонд иу у нæ дыууæйæн дæр... Æз ауал азы мæ сæнт- ты цы амондмæ бæллыдтæн, уым æй æнгуз бæласы фар- нæй æргом кæнын дæ разы... Зæла, мæ уарзтæн мын аргъ1 скæндзынæ æви нæ? Зæ л д а (Дзодзёемæ бакаст, стæй зæхмæ кæсгæйæ иуцасдæры фæстæ). Дзодзæ, чи зоны, æз æмæ ды не 14
"взонджы бонты сонт рог митæ куы акодтаиккам уæд йæм ныртæккæ, æвæццæгæн, ахæм æргом ныхас нæ ра- уадаид... Цы дын зæгъон, нæ зоны’н... Нæ дыууæ дæр Зноны сабитяе нал стæм, азтæ сæхиуæттæ кæнынц... Дзодзæ, æз дæ æмбарын... Баззад ма мын иунæг зæ- ронд Нана фыды ’рдыгæй, æмæ мæ фыдæн йæ фыды .æфсымæртæ... Дзодзæбе. Зæлда,мах дæр ма стæм мад, дыууæ хойы æмæ æз, афтæ æихъæл дæн, æмæ ды уыцы мад .æмæ хоты ’хсæн сидзæрыл нымад никуы уыдзынæ... Зæлда. Зонын æй. Софиа мæм фæфыста уыдон тыххæй, се ’ппæты тыххæй дæр. Фæлæ, Дзодзæ/нæ дыу- уæ дæр ирон лаппу æмæ чызг стæм, мæнæ цыдæр дам- тъæтæ базыдтам æмæ уыдон цæстæй куы акæсæм цард- мæ, уæд нын æгæр рæуче митæ куы рауайой... Нæ хис- тæрты уал афæрсын хъæудзæн... Дзодзæбе. Зæла, ды уымæй раст дæ, фæлæуæд- .дæр нæ кæрæдзийы фæндон куы нæ зонæм, уæд уый дæр хорз нæ рауайдзæн. Зæлда. Дзодзæ, дæхи загъдау, цард нæ æвæндо- нæй фæхииæн кодта кæрæдзийæ, цард нæ æцæгæй баиу кæнынмæ хъавы. Дзодзæ, дæ фæндоныл æз дæр уæлдай зæгъинаг нæ дæн. Дзодзæ. Мæ зынаргъ, Зæла!.. Нæ дыууæ ды цар- ды мнлæг адæмы фарнæй хайджын куыд уæм, уыйбæрц .амонд уæд дæу, мæ зынаргъ. (Йæ русæн ын аба кодта.) Зæлда. Дзодзæ, мæнæ уал нæ разы цы егъау хæс æвæрд ис, уый уал ахицæн кæнæм фæсивæды раз... Уый фæстæ ноджы хуыздæр ахъуыды кæндзыстæм... Д з о д з æ б е. Сæ цард, сæ уарзт баззад аргъæутты мысинæгтау, æрмæст сын сæ хъæбатыр тохы сгуыхтдзи- ’нæдтæ адæмы æхсæн алчи дæр йæхирдьАюнау фæдзуры. Куы афæрсай искæй хъæуæй, уæд фæзæгъынц: æрмæст, дам, æй æнгуз бæлас зоны. Зæлда. Ай-гъай, æрмæст æй зоны æнгуз бæлас... Дзодзæбе. Зæла, зæгъ-ма, сæ кæрæдзи кæд ба- 15
зыдтой, куыд фембæлдысты фыццаг хатт? Стæй кæм? Зæлда. Сæ кæрæдзийыл фембæлдысты 1937 азь^ 15 майы, мæнæ ацы ран хиды хъус. ( Фæталынг { Дардæй хъуысы лирикон музыкæ. Фыццаг райдайы сындæггай, æм- бæрзæн байгом вæййы, рухсытæ ссыгъдысты. Æнгуз бæласы раз, райдианы куыд уыдис, афтæ. Æнгузмæ фæзынд Н и н æ сæрдыгон рæуæг къабайы. Иæ къæхтыл ирон дзабыртæ, йæ дзыккутæ сатæг- сау. Йæ уæхскыл постхæссæн хызын. Нинæ хæрзæввахс бацыд æн- гуз бæласмæ, фæкастис æм, стæй дзы сыф ратыдта æмæ йæм бас- мыста, афтæмæй разылд хидмæ, бацыд хиды хъусмæ æмæ донмæ кæсгæйæ арф хъуыдыты аныгъуылдис. Фæзындис Тотырбег хæстон дарæсы, Сырх Æфсады командир, йе ’фцæгготыл дыгай ку- биктæ, йæ фарсыл — ливор, йæ галиу уæхскæй рахизмæ портупей. Уыидæй хæрзконд, бæрзонд лæппу. Иæ къухы чысыл чырын. Ни- нæйы куы ауыдта, уæд æм иудзæвгар фæкаст, стæй сындæггай ба- цыд йæ цурмæ, донмæ ныккастис... Нинæ йын йæ æндæрг доны куы ауыдта, уæд фæтарстис, сагъдауæй аззад. Т о т ы р б е г. Мæ рухс дуне, зæгъ-ма... Ни н æ. Уæуу! (Фестад.) Т о т ы р б е г. Ма тæрс, зæгъ-ма мын, мæ зынаргъ, æцæгдзинад, цымæ ма ис а дунейыл дæуæй рæсугъд- дæр? Дæ бон хорз... Н и н æ. Æгас цу ды дæр... Т о т ы р б е г. Бахатыр кæн, дæ куыст дын кæй фæ- къуылымпы кодтон, уый тыххæй. Н и н æ (архайы, цæмæй бамбæхса йæ тыхсты уа~ вæр). Цавæр куыст, æз æрмæстдæр донмæ кастæн лыс- тæг кæсæгтæм, алыхуызон змæлджытæм... Тотырбег (стыр цымыдисæй). Цытæ дзурыс?Г Уый æцæг диссаг куы у! Æмæ дзы æз куы ницы уынын,, уæд цы æрбаисты?! (Кæсы донмæ.) Н и н æ. Æвæццæгæн, фæйнæрдæм ахылдысты. Т о т ы р б е г. Ахылдысты? 10
Нинæ, Æвæццæгæн сæ хъыгдарæг фæцис æмæ фæйнæрдæм ахылдысты. 'Тотырбег (йæ мидбылты бахудтис). Мæнæ æз дæу куыд бахъыгдардтон, раст афтæ? Н и н æ. Нæ, ды мæн ницæмæй бахъыгдардтай... Ба- хатыр кæн, алыхатт дæр афтæ хъæлдзæг вæййыс? Тотырбег. Алыхатт дæр. Суанг мæ сабийы бон- тæй... Ацы дунемæ куы фæзындтæн, уæдæй нырмæ. Куыддæр ауыдтон рухс дуне, афтæ ныккæл-кæл кодтон æмæ æвгъæдгæс устытæ тынг фæтарстысты мæ худы- нæй. Никуы, дам, федтам, сывæллон йæ фыццаг фæзын- дæй афтæ худа. Н и н æ. Цæй, ныууадз! Ауадз мæ. Фыццаг хатт фгм- бæлдтæ æнæзонгæ чызгимæ æмæ уæгъдибар дæхи дар... Тотырбег. Хатыр, фыццаг хатт федтон æз... Н и н æ. Ауадз мæ, æгæр рог ныхæстæ нæ хъæуы. (Цæуынмæ хъавы.) Тотырбег (йæ размæ алæууыд). Нæ, хатыр ба- кæи, иу чысыл багæдзæ кæн, аныхæстæ кæнæм. Н и н æ. Мæн ныхæстæм не ’вдæлы... Цæй, æз æн- дæр фæндаг дæр ссардзынæн... Т о т ы р б е г. Фæлæуу, нæ дæ бахъæудзæн æндæр фæндаг агурын, æз дын ратдзынæн дæ фæндаг, æрмæст дæ курæг дæн, æмæ мæм мæсты ма су — ма мæ сур дæ- гшцæй, ма мæм фæтæргай у, æз хъазгæ кæнын... Кæд дын зын нæ уыдзæн, уæд мын бацамон Хъæрмæдонмæ фæндаг. Н и н æ. Цæугæ афтæ комкоммæ доны фæрстьт уæлæмæ, телыхъæдтæ дæ уырдæм фæхæццæ кæндзы- сты. Т о т ы р б е г. Цал версты уыдзæн ардыгæй уырдæм? Н и н æ. Иу æхсæз-авд, чи зоны, фылдæр. Тотырбег (бахудт æм фæлмæн). Уый та куыд фылдæр? Н и н æ. Нæ йæ абарстон. Т о т ы р б е г. Хорз, æмбæрстгонд мын у, хæрдмæ 17
донцæуæны ’рдæм? Стыр бузныг, ды мын æй афтæ дзæ- (бæх бацамыдтай, æмæ мæ цæстытæ куы бабæттон, уæд- ^дæр фæхæццæ уыззынæн. Уæдæ, зæгъыс, иу-æхсæз .версты удадзæн? Нинæ. Афтæ уыдзæн, чи зоны æмæ къаддæр; Т о т ы р б е г. Цæй, кæд æхсæз, уæд фæуæд æхсæз дæр. Мæнæ уый уæ хъæу у? Н и н æ. О, нæ хъæу. Т о т ы р б е г. Ды постхæссæг дæ? И и н æ. Нæ йæ уыныс? Т о т ы р б е г. Уынын. Н и н æ. Цæмæн ма мæ фæрсыс, уæдæ? Т о т ы р б е г Нæ, уый æз афтæ ныхасæн зæгъын... Н и н æ. Æмæ уым диссагæй цы ис, æз постхæссæг -кæй дæн, уым? * Т о т ы р б е г. Ницы, æз дæм-иу мæ фыстæджытæ æрбахæсдзынæн... Н и н æ. Кæм улæфай, уыдонæн сæхи постхæссæг уыдзæн, æмæ-иу сæ уымæ ратт. Т о т ы р б е г. Уыимæ зонгæ нæ дæн. II и н æ. Базонгæ уыдзынæ йемæ, ма тæрс... Т о т ы р б е г. Бузпыг! Æз демæ^ кæй базонгæ дæн... Цæй!.. О, хæдæгай, фенынмæ... (Яæ къух йе ’рфыгыл авæрдта.) Лейтенант Тлаттаты Тотырбег Саламдже- рийы фырт. Схæццæ дæн улæфынмæ, мæ мады дыууæ азы нæ федтон, Хъобаны цæры, кусгæ та Хъæрмæдоны кæны. Хатыр, дæуæн та дæ ном цы хуыйны, бафæрсын -аипп ма уæд, хорз чызг? Н и н æ. Уый уæлдай нæу. Тотырбег. Уый та куыд уæлдай нæу? Æви мын дæ ном хæлæг кæныс? Н и н æ. Цæмæн дæ хъæуы мæ ном? Тотырбег. Æмæ йæ куы базонон, уæд та? Н и н æ. Нæ йæ базондзынæ. То т ы р б е г. Хæснаг скæнæм? Н и н æ. Цæй тыххæй? 18
Т о т ы р б е г. Дæ ном дын кæй базондзынæн, уый: тыххæй. Н и н æ. Куыннæ стæй. Т о т ы р б е г. Тæрсыс? Н и н æ. Æз нæ уарзын хæснаг кæнын. Т о т ы р б е г. Нæ, уæддæр схæснаг кæнæм. Н и н æ. Æвдисæнтæ нын куы нæ уа, уæддæр? Т о т ы р б е г. Æз де ’вдисæн, ды та — ме ’вдисæн, уымæй фылдæр нæ хъæуы. Дыууæ æвдисæнимæ ма суанг сауджын дæр куы саргъауы. Н и н æ. Ныууадз ма мæ. Т о т ы р б е г. Фæтарстæ, нæ? Н и н æ. Æппындæр нæ. Т о т ы р б е г. Нæгъ, фæтарстæ, Нинæ. Н и н æ. Уый дын гъе! Т о т ы р б е г. Гъеныр федтай? Н и н æ. Цæмæй йæ базыдтай? Тотырбег. Уый уæларвон ’сусæгдзинад у. Н и н æ. Иу уæларвон сусæгдзинад дæр дзы нæй. Т о т ы р б е г. Нæй дзы уæларвон сусæгдзинад? Кæд дæ фæнды, уæд ма дын зæгъдзынæн, ныртæккæ цæуыл ахъуыды кодтай, уый дæр. Фæнды дæ, уæд дын уый дæр зæгъон? Н и н æ. Æз æппындæр ницæуыл ахъуыды кодтон. Т о т ы р б е г. Ды фæсырх дæ, Нинæ, цæмæн, уый дын зæгъон? Н и н æ йæ къух ауыгъта æмæ азгъордта. Тотырбег. Фæлæуу-ма, Нинæ, æз дын æй раргом кæнон, кæй бауарзтай, уый ном базонæн куыд ис, уый. Н и н æ фæлæууыдис. Чызг-постхæсджытæй иуæй-иутæ сæ нæмттæ афыс- сынц сæ хызынты бæстыл. Н и н æ (йæ хызыны гæрзмæ æркастис æмæ ныххуд- тис). Уый дын гъе, ахъазыдтæ мæ! Ферох мæ, æрæджы 19
яын ног хызынтæ радтой, æцæг-иу сæ фæхæццæ код- там... 0, ныхæстыл куыд фæдæн, гъеныр мæ суанг пост- мæ згъорын бахъæудзæн. Т о т ы р б е г. Фæндараст! Н и н æ. Фæндараст, Тотырбег. (Азгъордта.) Тотырбег худгæйæ йæ фæдыл кæсгæйæ баззад. Фæталынг. Æмбæрзæн æрцыд бынмæ. 3 æ л д а (рацыд авансценæмæ, рухсгæнæн æй ныр- рухс кодта). Уыцы бонæй фæстæмæ Тотырбег æмæ Ни- нæ кæрæдзийыл æмбæлдысты. Сæ дыууæ дæр уыдысты хæрз æрыгæттæ. Тотырбегыл цыдис фондз æмæ ссæдз азы, Нинæйыл та сæххæст ссæдз азы. Уыдис уалдзæг, донбылтæ алыхуызон дидинджытæй сфæлыста. Фæталынг. Æмбæрзæн ссыд хæрдмæ. Сценæ ныррухс. Сæумæрай- сом æнгус бæлас. Тотырбег хиды хъусæй дардмæ афæлгæсæгау кодта. Тамако дымы, афтæмæй йæхи хиды хъусыл æруагъта æмæ .бынмæ донмæ кæсы,фæзыидис Н и н æ. Тотырбег æй куы ауыдта, уæд йæ размæ рауад. Т о т ы р б е г. Дæ райсом хорз, Нинæ. Н и н æ. Кæй райсом у, уый хорзæх дæ уæд. Сæумæ- райсом ам цы ми кæныс? Тотырбег. Хæстон лæппу раджы стаг вæййы. (Дыууæйæ дæр ныххудтысты.) Н и н æ. Хъобанæй ардæм... Т о т ы р б е г. Æмæ уым диссагæй цы ис? Н и н æ. Худæджы лæппу дæ. Т о т ы р б е г. Зæгъын, ам бадыны бæсты мæ фыс- -таёг радтон. (Иæ дзыппæй систа фыстæг, дæтты йæм æй.) Дæ хорзæхæй, арвит æй. ’Нинæ (райста фыстæг). Æфсæддон лæг цалдæр версты хохрæбынæй уый тыххæй æрхæццæ уæд... Т о т ы р б е г. Нæ зонын, куыд дын æй зæгъон... Уый тыххæй дæр, стæй афтæ дæр... 20
Н и н æ. 0, цы афтæ дæр? Т о т ы р б е г. Кæй зæгъын æй хъæуы, æрмæст фыс- тæджы тыххæй дæр нæ. Кæрæдзийы куы федтам, уæдæй иырмæ дыууæ боны рацыд, æмæ, мæхи цы фæкодтаин, уымæн ницыуал зыдтон. Н и н æ йæ мидбылты бахудт. Æцæг зæгъын, æцæг. Хъуыдыты аныгъуылдтæн. Æн- хуз бæласы тыххæй, стæй йæ фарсмæ цы кæрдо бæлас уыднс, уый тыххæй дæр, сæ дыууæйы куыд хуыдтой? Н и н æ. Дыууæ уарзон бæласы, сæ кæрæдзийæ чи иæ фæхицæн уыдзæнис, ахæм бæлæстæ. Тотырбег. Мæнæ куыд, у, мæнæ... Æмæ уæд- дæр... Н и н æ. Зæрæдтæ дзурынц, раджы, дам, кæддæр мах хъæуæй фесæфтис чызг æмæ лæппу, уыдысты уар- зæттæ, кæрæдзи афтæ уарзтой, афтæ. Æрдхæрæны уар- зæттæ, фæлæ чызджы йæ фыд лæвæрдта тыххæй, кæй нæ уарзта, ахæм лæппуйæн .Уæд чызг æмæ лæппу бав- дæлдысты æмæ иумæ алыгъдысты, кæдæм, уый нал сбæ- рæг ис.’абон дæр.. Гъе уыдон номæн сагъд æрцыдысты ацы бæлæстæ. Фæсивæд сыл диссаджы зарæг скодтой, абон дæр ма йæ зарынц. Т о т ы р б е г. Диссаг та куыннæ у... Цымæ сæ чи ныссагъта? Н и н æ. Уый не сбæрæг ис. Æрхъуыды кодтой, уар- зæттæ, дам, сæ фæстæ ныууагътой зæрдæдарынæн дыу- уæ бæласы: æнгуз бæлас лæппуйы номæн, кæрдо бæлас та чызджы номæн. Уый фæстæ, дам, стыр къæвда æр- цыди, æмæ, дам, кæрдо бæласы арв ныццавта, бæлас лыууæ дихы фæцис æмæ бахуыскъ. Ралыг æй кодтой. Уæдæй фæстæмæ æнгуз бæласы хонынц сидзæр лæппу. Æнгуз куы сцæттæ вæййы, уæд æм фæсивæд æрбацæ- уынц, ныццæгъдынц æй æмæ йæ байуарынц сидзæртыл. Т о т ы р б е г. Æрдхæрæны бæлæстæ! (Кæсы бæлас- 21
мæ.) Иу цал азы цæудзæн æнгузыл? Æвæццæгæн, иу сæдæ фæндзай азæй фылдæр? 'Нинæ. Цæудзæн ыл уыйбæрц... Мах хъæуы уæдæй фæстæмæ ахæм рæсугъд æгъдау æвæрд æрцыдис: ног чындз æмæ сиахс, сæ чындзæхсæвы бон се ’мгæрттимæ ардæм æрæмбырд вæййынц æмæ фæкафынц, фæза- рынц... Т о т ы р б е г. Стæй та? Н и н æ. Стæй хъæумæ ацæуынц æмæ чындзæхсæв.... Т о т ы & б е г. Нæ, нæ, Нинæ, æз дæ цæмæй фæрсын, сиахс æмæ чындз æнгуз бæласы раз сæ кæрæдзийæн ни- цы фæдзæхст раттынц?.. Н и н æ. Нæ дæ бамбæрстон, бæлвырдæй цы? Т о т ы р б е г. Зæгъæм, сæ кæрæдзийыл æнувыд кæй уыдзысты сæ цардцæрæнбонты, уый тыххæй сæ кæ- рæдзийæн ард бахæрынц æви нæ? Н и н æ. Ай-гъай, æппæты фыццагдæр уый т^ххæй æрбацæуынц бæласы бынмæ, се ’мгæртты раз ард бахæ- рынц, кæрæдзийыл æнувыд кæй уыдзысты, уый тыххæй. Т о т ы р б е г. Рæсугъд æгъдау æвæрд æрцыд дыууæ уарзоны ’хсæн... Н и н æ. Цæй, æз цæуон, æгæр æрæджы кæнын. Т о.т ы р б с г. Дардæй цæуыс постмæ? Н и н æ. Мæнæ нæхи хъæуæй, Джызæлæй. Т о т ы р б е г. Гъе-гъе! Дзæуджыхъæумæ цалдæр версты фистæгæй... Н н н æ. Æз ыл афтæ сахуыр дæн æмæ ма мæ вер- стытæ рох дæр фесты. Т о т ы р б е г. Зымæг дæр афтæ фæцæуыс? Н и н æ. Мæнæ худæджы лæппу! Фыстæджытæ хæс- сын нæ хъæуы сæрд дæр æмæ зымæг дæр? Т о т ы р б е г. Иинæ, дæ куыст дæ зæрдæмæ цæуы?- Н и н æ. Куыст, куыст у... Никуы йыл ахъуыды код- тон... Т о т ы р б е г. Уый дын гъе... Цæмæн райдыдтай - постхæссæгæй кусын? 22
Н и н æ. Афтæ рауад... Мæ мад фæрынчын, кусын !1æ бон нал уыдис. Æз ме скъола каст куы фæдæн, уæд колхозы кусын райдыдтон. Акуыстон дзы иуцасдæр, стæй мæм нæ хъæуыхицау фæдзырдта, цæугæ æмæ, дам, хъæуæн пост хæсс... Бæргæ мæ фæндыд, цæмæй ахуыр- гæнæг суыдаин... Кæстæр хо дæр ма мын ис, фæндзæм къласы ахуыр кæны. Тотырбег (иуцасдæр æнæдзургæйæ фæлæууыд). Нинæ, айс мæ дæхимæ. Н и н æ (дисгæнæгау). Кæдæм? Т о т ы р б е г. Постхæссæгæй. Иумæ хæсдзыстæм пост. Н и н æ (йæ мидбылты бахудт). Уый дын гъе! Афи- цер-постхæссæг. Т о т ы р б е г. Æмæ цы кæны? Уым диссагæй ницы ис. Æз æгуыстæй мæхи цы фæкæнон, уымæн ницы зо- ныи. Н и н æ. Дæуæн улæфты бонтæ сты æмæ дæ мады «фарсмæ абад. Тотырбе!;. Мæ мад библиотекæйы кусы, райсо- мæй суанг изæры авд сахатмæ кусгæ кæны. Нинæ, æз дын дæ хызын хæсдзынæн. Н и н æ. Нæ, Тотырбег, стыр бузныг! Т о т ы р б е г. Уæд та мæ демæ ауадз. Н и н æ. Цытæ дзурыс, Тотырбег, цæмæй æнæхъæн хъæу дам-думтæй байдзаг уа, уый дæ фæнды? Т о т ы р б е г. Ды сын зæгъдзынæ, уый инспектор у æмæ постхæссæджы куыст бæрæг кæны. Н и н æ. Адæм æрратæ не сты. Т о т ы р б е г. Уæдæ мæ нæ исыс, нæ? Нинæ. Стæй хъуыды дæр нæ акæндзынæн, дæу мæ- хипæн хæдивæг скæнон, ууыл. Т о т ы р б е г. Бынтон дзæгъæлы. Цæй, уæдæ, цом... Н и н æ. Кæдæм? Т о т ы р б е г. Ды постмæ, æз та æфсæнвæндаджы станцæмæ. 23
Н и н æ. Цы дын ис станцæйы? Т о т ы р б е г. Бакæсдзынæн поездмæ æмæ — фæс- тæмæ. Сывæллонæй нырмæ, уарзын поездмæ кæсын. Н и н æ. Уый циу, хæстон командиртæ иууылдæр ахæм хивæнд сты? Тотырбег. Нæ зонын, Нинæ, мæнæ æз ахæм хи- вæнд дæн. (Фæндаг ын радта.) Табуафси, Нинæ, курæг дæ дæн. (Нинæ ныххудтис æмæ иумæ ацыдысты.) Фæталынг. Æмбæрзæн æрцыд бынмæ. 3 æ л д а — авансценæйы рухсгæнæны рухсмæ. 3 æ л д а. Уыцы бонæй фæстæмæ алы райсом дæр иу- мæ æмбæлдысты æнгуз бæласы раз æмæ иумæ цыдысты постмæ. Нинæ-иу райста пост, Тотырбег ын хаста йæ хызын. Хъæумæ-иу куы ’рбахæццæ сты, уæд-иу хызын радта Нинæмæ, цалынмæ-иу Нинæ фыстæджытæ уæр- ста, уæдмæ-иу Тотырбег æнхъæлмæ каст хъæуы кæроп. Иухатт нæ баныхас кодтой, афтæмæй изæры æрбацыды- сты æнгуз бæласмæ... Æмбæрзæн ацыд хæрдмæ. Сценæ ныррухс. Тотырбег хиды хъæдыл йæхи æруагъта, дардæй хъуысы рæсугъд лирикон музы- кæйы мыртæ. Уыцы мыртимæ хъуысы зарæг дæр. Фæзынди Н и н æ, Тотырбег æй куы ауыдта, уæд фестад, хъæлдзæг худт æм бакодта æмæ йæм бацыд. Æрлæууыдысты, кæрæдзимæ комкоммæ кæсынц. Н и н æ. Уый циу, Тотырбсг, æхсæвæй-бонæй ам куы баззадтæ? Т о т ы р б е г. Нинæ, мæ зæрдæмæ тынг фæцыдис ацы ран, афтæ мæ йæхимæ ласы... Н и н æ. Диссаг. (Йæ мидбылты бахудт.) Тотырбег. Ома цы? Н и н æ. Цыма ныхас бакодтам... Т о т ы р б е г. Æцæг, æцæг... Нинæ, уæ хъæуы цы- дæр стыр бæрæгбон ис. Сæ фæндыры цагъд æмæ сæ зард уæларвмæ хъуысы. 24
Н и н æ. Фæсивæд алы изæр дæр афтæ æрæмбырд вæййынц, кафынц, зарынц. Т о т ы р б е г. Æмæ ды семæ цæуылнæ дæ? Н и н æ. Афтæ... Куыддæр æнæфæразгæ дæн. Т о т ы р б е г. Махмæ та а изæр клубы кино цæуы «Фæстаг Табор». Тынг хорз кино у. Н и н æ. Æмæ цæуылнæ баззадтæ, федтаис æй. Т о т ы р б е г. Æз æй федтон. Н и н æ. Хорз у, зæгъыс? Т о т ы р б е г. Тынг хорз кино у... Нинæ, уæд та ки- номæ ацæуиккам? Н и н æ. Æмæ йæ ды куы федтай? Тотырбег. Æмæ цы кæны, ноджыдæр æм бакæс- дзынæн. Н и н æ. Афон нал у, стæй дард у. Тотырбег. Афтæ дард нæу, дыккаг сеанс рай- дайы дæс сахатыл. (Йæ сахатмæ. æркастис.) Нырма рæстæг бирæ ис. Т о т ы р б е г. Уым дæ ничи базондзæн, куыддæр райдайы, афтæ æдде цырæгътæ ахуыссын кæнынц æмæ уæд бацæудзыстæм, куы фæцæйфæуд кæна, уæд та цæугæ ракæндзыстæм, цæуыс? Н и н æ. Нæ зонын. Т о т ы р б е г. Ма тæрс, æз дæ уæхимæ æрхæццæ кæндзынæн. Н и н æ. Тотырбег, нæ, нæ, æнæуи дæр дзырдамонд дæн, мæгуыр, сидзæр æмæ ма ноджы искæй æвзæгты бафтауон мæхи... Тотыр, дæ зæрдæ мыл ма фæхудæд... Бахатыр кæн, æз цæуон. (Рацæйцыд.) Тотырбег. Уæд та ма иучысыл аныхæстæ кæ- нæм, Нинæ! Райсом дынулæфты бон куы у. Æз дæ ба- хæццæ кæндзынæч уæхимæ... Н и н æ." 'Фæлæуу-ма, дæхи иæуын нæ хъæуы? Кæд ма схæццæ уыдзынæ уæхимæ? Дæ мад дæм æнхъæлмæ нæ кæсдзæн? Тотырбег. Гыццийæн загътон, зæгъын, изæры 25
нæхиуæттæм уыдзынæн. Джызæлы Тасолтантæм баз- зайдзынæн. Н и н æ. Тасолтан дын цы бавæййы? Т о т ы р б е г. Тасолтан мæ мады хистæр æфсы- мæр у. Н и н æ. Дæ мады æфсымæр? Тынг хорз лæг у, хæ- ларзæрдæ. Дардæй æхситтытæ æрбайхъуыст. Гъе, нæ дын загътон... Цæуон, кæннод мæ исчи фен- дзæн æмæ æгас хъæуæн фидиссаг фæуыдзынæн. (Сыс- тад æмæ фæцæйцыд.) Т о т ы р б ег. Цæй, хорз, кæд дæ афтæ фæнды, уæд иом, æз дæ бахæццæ кæндзынæн. Н и н æ. Нæ, нæ» нæ хъæуы, æз мæхæдæг ацæудзынæн. (Иинæ фæцæуы.) ~ Тотырбег. Фæлæуу-ма, Нинæ... Мæн фæнды дæ- уæн зæгъын... Мæ зæрдæйы ахсджиаг фæндон, кæд мæм байхъусдзынæ, уæд? Н и н æ. Нæ хъæуы, Тотырбег... Т о т ы р б е г. Нæй, Нинæ, нæй йын æнæ зæгъгæ. (Иу уысммæ æнæдзургæйæ.) Исчи-иу мын куьГдзырдта, фыццаг фендæй, дам, чызджы бауарзта, зæгъгæ, уæд-иу мæхи худæгæй схастон. Ау, зæгъын, фыццаг уындæй куыд ис бауарзæн... Нинæ, хатыр дæ курын ме ’ргом ныхасæй... Рог мийыл мын æй ма банымай... Дæу куы федтон, уæдæй нырмæ мæ зæрдæйæ нал хицæн кæныс... Бауырнæд дæ, æнцойдзииад нал арын æхсæвæй-бонæй... Диссаг та куыннæ у... Нинæ, афтæ мæм кæсы, цыма æз япм^ -ит кæросдзийы рагæй зонæм... Нинæ, æз дæ ба- уаозтон æнæкæрон уарзтæй. Кæд ын аргъ скæндзьшæ, уæд. Н н н æ (Тотырбегмæ комкоммæ бакастис, арф ныц- улæфыд, стæй иуцасдæры фæстæ йæ мидбылты бахудт.) 26
Æрæнцæгæн, Тотырбег, ардыгæй куы цыдтæ Уæрæсемæ, уæй хæрзаг дæ уарзон чызгæн дæ сыгъдæг уарзондзина- дæй афтæ ард хордтай... Ард хордтай дæ сомытæй... Т о т ы р б е г. Иинæ, баууæнд мыл, æз фыццаг хатт æрмæст дæуæн гом кæнын мæ уарзт. Уый æргомæй, сыгъдæгзæрдæйæ у... Стæй ды куыд æнхъæл дæ, афтæ æнæсæрфат ныхæстæ æмæ митæ мæнмæ никуы уыд, стæй сæ мæ сæрмæ дæр никуы ’рхастон. Ард хæрын мæ сыгъдæг уарзтæй, кæд æз иунæг чызгæн дæр искуы раргом кодтон мæ уарзондзинады фæдыл мæ зæрдæ... Нинæ (хъазгæмхасæнтæй). Чи зоны æмæ кæд >ы- цы чызджытæ ард хæрынц дæ уарзондзинадæй... Т о т ы р б е г. ( Ард дын хæрын, дæу йеддæмæ никæ- мæ.т раргом кодтон мæ зæрдæ. Н и н æ. Цас рæсугъд чызджытæ ис горæты... Т о т ы р б е г. Дунейыл бирæ чызджытæ ис, æрмæст уыдонæй нуы бауарзынц. Ды дæ мæнæн уыцы иу... Нæ дæ уырны? Уæд æз ард хæрын æнгуз бæласы æнусои фарнæй. (Нинæмæ хæстæг бацыд.) Хатыр мын бакæн, Нинæ, мæ зæрдæйы æнкъарæнтæ афтæ æргом дæ разы кæй байгом кодтон, мæхи кæй стауын дæ разы, уый тыххæй дæр... Н и.н æ. Тотырбег, дæ фæндоны ныхмæ уæлдай зæ- гъын мæ бон ницы у... Æз дæр дæ уынын уыцы бонæй ацы бонмæ, кæсын дæм æмæ дæм рог митæй мæ зæрдæ ницæмæй фехсайдта... Аргъ дын куыннæ хъуамæ скæ- нон, кæд æмæ нæ дыууæ дæр нæ кæрæдзийы æцæг уарз- тæй уарзæм... Уымæн æвдисæн у ацы ’хсæвы фембæлд. (Тотырбегмæ æнгом балæууыд æмæ йын йæ риуыл йæ сæр бауагъта.) Кæс-ма, Тотыр: мæй дæр мах амондæн йæ цалхыдзагæй йæхи систа, кæсы нæм æмæ нæ рæв- дауы... Т о т ы р б е г. Амондджын уы&зыстæм, Нинæ!.. Н и н æ. Тотырбег, мæн цæуын хъæуы, афон у, гыц- ци мæм æнхъæлмæ кæсдзæн. Т о т ы р б е г. Иу гыццыл ма, Нинæ. 27
Н и н æ. Тотыр, райсом дæр мах бон у... Тотырбег. Цæй, табуафси, нал дæ уромын, Ни- нæ, райсом сæмбæлдзыстæм æнгуз бæласы бын. Н и н æ. Хæрзфынтæ фен, Тотыр! Т о т ы р б е г. Хæрзæхсæв у, мæ дуне! Н и н æ азгъорæгау кодта, Т о т ы р б е г йæ фæдыл кæсгæйæ* баззад. Фæталынг ис. Иуцасдæры фæстæ сценæ срухс и. Изæрæй æнгуз бæ- ласы бын бады Тотырбеджы мад С о п и, бæрæг у, кæ- мæдæр æнхъæлмæ кæй кæсы, уый. Дыууæрдæм ракæс-бакæс кæны, хъæуы ’рдыгæй фæзындис Н и н æ, тагъд тагъд æрбацæйцыд..*. С о п и й ы куы ауыдта, уæд кæрæдзимæ кæсгæйæ аззадысты. С о п и. Бахатыр кæн, мæ къона, кæд нæ рæдийын, уæд Нинæ нæ дæ? Н и н æ (йæ мидбылхудгæйæ). 0, уый дæн. С о п и. Де зæр хорз уæд. Н и н æ. Кæй изæр у, уый хорзæх дæ уæд. С о п и. Æз дæн Тотырбеджы мад Сопи... Н и н æ. Исты хабар?! (Фæтæрсæгау кодта.) Цы кодта Тотырбег? С о п и. Нæ, ахæмæй ницы, абон сæумæрайсом рай-, ста тел йæ куыстæй, æвæстиатæй куыд фæзына, гъемæ- уыцы сахат йæхи ацæттæ кодта æмæ фæраст ис, йæ- амондæн машинæ цæуæг фæци горæтмæ æмæ уым абад- тис. (Р1æ дзыппæй систа фыстæг.) Куырдта мæ, цæмæй дæм фæхæццæ кодтаин ацы фыстæг. (Дæтты йæ Нинæ- мæ.) Н и н æ. Цымæ йæм афонæй раздæр цæмæн фæсид- тысты? С о п и. Æмæ гъа. Йæхæдæг дæр фæдис кодта, стæй загъта, Испаиийы, дам, хабар хорз нæу, æмæ, дам, мæм„ æвæццæгæн, уый тыххæй сидынц. 28
Нц^нæ. Афтæ хъуамæ уа, уыййеддæмæ æвиппай- ды... С о п и. Нæ зонын, нæ зонын, хæстмæ йæм фæсид- таиккой? (Сыстад.) Æз цæуон, æрæджы мын кæныг хæрз изæр. Н и н æ. Иунæгæй куыд ссæудзынæ, æз дæ схæццæ кæндзынæн. Сопи. Нæ, нæ, нæ хъæуы, мæхæдæг ссæудзынæн, фыццаг хатт куы нæ цæуын, мыййаг, стæй фæндагыл æмбæлттæй фылдæр цы ис... Тотырбегæй дæм исты ха- бар куы уа, уæд-иу мæм суай Хъобанмæ. Кусгæ кæнын Хъæрмæдоны, хуыдаубоны нæхимæ вæййын. Хорзæйг баззай. Н и н æ йæ фæдыл цæуы. Лæуу, лæуу, мæ чызг, аздæх... Нинæ. Фæндараст у, нана. Йæ фæстæ бирæ фæкастис, стæй раздæхтис. Спичкæ ссыгъта æмæ фыстæг кæсы. Хъуысы Тотырбеджы хъæлæс магнитофоны лентыл: «Нинæ, мæ зынаргъ, хорзæй баззай... Хатыр, кæй нал сæмбæлдыстæм а изæр æнгуз бæласы бын. Цы чын- дæуа, салдатæн йæ уавæртæ афтæ вæййынц, мæ дуне. Нинæ, чи зоны, бирæ рæстæгмæ кæрæдзи нал фенæм... Мæ фыстæг дæм æрæгмæ куы хæццæ кæна, уæддæр-иу мæм æнхъæлмæ кæс, Сценæйы æмбæрзæн æрæхгæдта. 3 æ л д а й ы рухсгæнæн ныррухсг кодта. Зæлда. Дыккаг бон сæумæрайсом Агуыбе æнгуз бæласы бын бады, йæ къухы хæрынкъа æмæ, уис амайы, иуæй-иу хатт фæйнæрдæм акæсы... Хиды ’рдыгæй фæ- зындис Къота. К ъ о т а. Дæ райсом хорз уа, Агуыбе. 29
Агуыбе. Бирæ цæр, Къота. К ъ о т а. Цæй æнæвдæлон бадт кæныс? Агуыбе. Æвдæлон бадтмæ та ма кæй æвдæлы, ’нырма гъеныр куы æрхæццæ дæн хъæдæй... О, хæдæгай, Къота, арфæ дын кæнын, Дзерассæйы рæсугъдимæ, дам, бафидыдтат? Къота. О, бафидыдтам, фæлæ фæстæмæ рафидыд- там. Агуыбе. Цæмæн? Дзерассæ — сабыр, уæздан... Къота. Гъе, ме ’рдхорд, Агуыбе, сабыр малы, дам, ^сæйрæг бады. А г у ы б е. Уæддæр дæ дзæбæх нæма ’мбарын, цы ’фау æм æрхастай, кæнæ Дзерассæ йæхæдæг?.. Къота. Фау—мæимæ? Мурдæр ницы, сæ иу дæр æмæ иннæ дæр. Мæхæдæг сæм æрхастон се ’намондæн 4>ау. Агуыбе. Фау, Дзерассæмæ? Уагæры цы фауинаг *фæцис? Къо! а (иуцасдæры фæстæ). Агуыбе, ды зонысДе- лекклы зæронд ус Мамсыроны? Л г у ы б е. Мамсыроны зонын. Къота. Уæдæ сæ Мамсырон дыууæ чызгæй Архон- доны нартхæртты Ногиры лæппутимæ баййæфта. А г у ы б е. Кæмæй йæ фехъуыстай? Чи сæ баййæф- та? Къота. Кой дардмæ хъуысы. Мамсырон, дам, йæ «сæгъты агуырлта æмæ, дам, сæ нартхæрттæй рацæугæ федта. Гъеныр ма мын зæгъ, Агуыбе, цы арæзтой нарт- хæртты Иогиры лæппутимæ? А г у ы б е. Хъыгаг у, хъыгаг... Къота, æмæ уæд Дзе- рассæимæ иннæ *'ызг та чи уыди? Къота. Чи хъуамæ уыдаид, Доййаты Нинæ — йæ х^ыздæр хæлар. А г у ы б е. Гъе уый дын бынтон гæды ныхас. Ни- нæйæ мæ никуы бауырндзæн. К ъ о т а. Мæн дæр нæ уырныдта, фæлæ, хъыгагæн, 30
афтæ у... Цытæ дзурæм, цы, Агуыбе, чызджытыл се ’на- монды базыртæ сæ рæсугъдæй баззайынц. А г у ы б е. Тынг хъыг мын у, нæ хъæуы хуыздæр’ чызджытæ сæхи афтæ сæнамонд кæной сæ рæуче ми- тæй... Фа\чæ мæ уæддæр нæ уырны. Мамсырон нæ хæс- тæг у æмæ йæ хъуамæ æз бафæрсон æмæ Хуыцауы фæн- дæй гæдыныхас куы разына, Къота... К ъ о т а. Агуыбе, Хуыцауы тыххæй слестгæнæг дæ, сæ сæрыл цы гæппытæ кæныс? Кургæ сæ искæй кæныс?! А г у ы б е. Чи зоны æмæ сæ искæй дæр курон, Къо- та, стæй сæ куы никæй курон, уæддæр сæ цæмæн исчи сæнамонд кæна, цъыфты сæвдула! Ныртæккæ цæуын Мамсыронмæ æмæ йæ дзæбæх афæрстытæ кæндзынæн.. (Фестад æмæ цæуынмæ хъавы.) Къота., Куы йæ бафæрсай, уæд сæ сраст кæндзы- нæ? Ныууадз, Агуыбе, дзæгъæлы сæ сæрыл мауал хæц, дæ сæрæн низ ма кæн. А г у ы б е. Къота, ацы хахуыр, цъаммар ныхæстæ ды дæхæдæг тауыс дæ сау зæрдæйæ, дæ марг æвзагæй... Къота. Уый, уьтй ^я?! Цытæ мæм уæндыс?! Агуыбе. Гъæуый, Къота! Дæуæн чи нæ фæкомы, уы’дон иууылдæр лæппутæн хъазæн хъултæ фестын кæ- ныс... Къота. Цæй, цæй, Агуыбе, ды сæ зæдтæ фестын кæи, уый зонгæйæ дын сæ кой дæр нæ ракодтаин... А г у ы б е. Къота лæг дæ, лæджы худ хæссыс! Æгъ- гъæд дын нæма у!? Æз дæ тынг хорз зонын дæ гыццы- лæй дæ рахъомылы онг!.. Нæ хъæуы фæсивæдæй дæ иу- нæг дæр нæ уарзы. Цæуылнæ? Де ’взаджы тыххæй. Дыууæ хорз æмгары кæрæдзийæн марг фестын кæныс. Лæппу чызджы бауарзта, кæс æмæ та де ’взагæй фæхи- цæн вæййынц. Цæмæн, Къота? Уымæи æмæ хæлæг æмæ хæлмаг дæ, никæй уарзыс, дæуæн цы нæ уа, уый хъу- амæ макæмæн уа! Гъсныр дын Дзерассæ нæ бакуымд- та, æртæ хатты дын дæ минæвæрттæ ратардта æмæ загътай, уæдæ æз лæджы фырт ма фæуон, дæу исчи куы 31
ахæсса. Рæдийыс, Къота, Дзерассæ æмæ Нинæ нæ хъæ- уы хуыздæр æмæ уæздандæр чызджытæ сты. Чи зоны æмæ æз æмæ ды нæ амонд не ссарæм, фæлæ уыдон сæ амонд ссардзысты, цыфæнды цъыфтæ сыл куы фæка- лæм, уæддæр... Къота. Цæй, Агуыбе, ацы ныхас æрмæст нæ дыу- уæйы æхсæн æрцыдис æмæ мын æй ныххатыр кæн, мæ •фырмæстæй афтæ рауад, курæг дæ дæн, куыд æрдхорд æмгар, афтæ. А г уы б е. Нæ хъæуы, Къота, нæ хъæуы. Иу хъæуы схъомыл стæм, иу хъæуы цæрæм, алыбон дæ райсом хорз, дæ изæр хорз цы хъæуккагæн дзурай, уыимæ -сыгъдæгзæрдæйæ цæрын хъæуы... Фæстаг хатт дæ фæ* дзæхсын; æгъгъæд фæуæд уыцы дам-думтæн. Искуы ма дæ искæй кой фехъуыстон — хатыр нæ, фæлæ дæ мæ цæвæнгарз дæр нал раздахдзынæн. Уый дæ зæрдыл ба- дар! К ъ о т а. Хатыр... Цæй... (Ацыд.) А г у ы б е. Фæндараст. (Йæ фæдыл кæсгæйæ.) Куы- дзы хъæвдын. Фæзынди Н и н æ. И и н æ. Дæ райсом хорз уа, Агуыбе. А г у ы б е. Кæй райсом у, уый хорзæх дæ уæд, Ни- нæ. Н и н æ. Цы архайыс ам сæумæраджы? А г у ы б е. Афтæ раджы дæр нал у. Нæ нæуæг фер- мæйы хъомтæн къæлæттæ нæ фаг кæны æмæ къæлæт- тæн уистæм суадтæн хъæдмæ, гъемæ нырма ныр æр- хæццæ дæн, мæ бæхтæ феуæгъд кодтон æмæ, зæгъын, мæхæдæг дæр куы аулæфин æмæ мæхи ацырдæм райс- тон... Нинæ, ды та куыд дæ? Дæ цард куыд у? , Н и н æ. Цæрын æз дæр афтæ, фыдæбæттæ кæнын. Агуыбе. Нпнæ, кæд дын исты æххуыс хъæуы? Уæ хæдзары сæр кæд цалцæггæнинаг у, уæд æфсæрмы ма кæн... ^Л 32
Н и н æ. Нæ, стыр бузныг, Агуыбе, нырма йын ни- цы у. А г у ы б е. Æз уый тыххæй зæгъьгн, хæдзары иунæ- гæй фыдæбæттæ кæныс, дæ мад уæззау рынчын у, Хуы- цау æй сынæниз кæнæд дæхи фæндиаг. Ома, зæгъын, хæдзары змæпдтытæн лæджы къухтæ хъæуы. Н и н æ. Бузныг, Агуыбе... Куыддæр бафæлладтæн абон. (Æрбадт къодахыл.) Агуыбе. Стæй куыннæ, постæй — ардæм, стæй та — хæдзæрттæм. Н и н æ. Нæй гæнæн, кусын хъæуы... Абоп иы тæвд у. А г у ы б е Тагъд мæнæугæрдæнтæ ралæудзысты. Нинæ. Испанийы, дам, хæст райдыдта, зæгъынц. А г у ы б е. О, райдыдта, нæхиуæттæ, дам, дзы хæ- цынц. Н и н æ (арф ныуулæфыд). Æвæццæгæн... А г у ы б е (иуцасдæры фæстæ.) Нинæ, нæ фехъуы- стай, Къота, дзм, ус куры? Н и н æ. Фехъуыстон. Доййаты Дзерассæйы куырдта, фæлæ йын Дзерассæ йæ минæвæртты рарвыста... Иу- фондз боны размæ постмæ фæцæуын æмæ мæ Къота æрдæгфæндагыл æд уæрдон æрбаййæфта, йæ бæх фæу- рæдта. Рацу, дам, мæнæ уæрдоны сбад, фистæгæй, дам, æвгъау дæ. Нæ, зæгъын, æз фистæгæй цæуын ахуыр дæн, бузныг. Цæй ныууадз, дам, дæ дзæгъæл æфсæрмы- тæ, рацу сбад, æз дæр, дам, Дзæуджыхъæумæ цæуын, иумæ, дам, пын æнкъард нæ уыдзæн. Сбадтæн йæ фарс- мæ. Бауырнæд дæ, Агуыбе, суанг Дзæуджыхъæумæ йæ уарзондзинады зарджытæ фæкодта. Суанг, дам, дæ æх- сæзæм къласæй абоны онг мæ зæрдæйæ нæ хицæн кæ- нын, мæ судзгæ уарзт, дам, мыи æнцой нæ дæтты æмæ, дам, ын йæ раргом кæнынæи ныртæккæйæ хуыздæр фа- дат нæ фæуыдзæн. Нинæ, зæгъ, дам, мын дæ фæндон æргомæй, æнæфсæрмæй. Къота, зæгъын, стыр бузныг де "’ргом курдиатæй, фæлæ, зæгъын, æз мойгæнæг чызг куы нæма дæн. Уæдæ, дам, куыд бакæнæм? Мæгъа, зæгъын. 2 Лавер Мæхъиты 33
Ахъуыды кодта иуцасдæр, стæй арф ныуулæфыдис æмæг загъта: Нинæ, мæ зынаргъ, æмæ, дам, дæ скъæфгæ куыг акæнон, уæд та? Цы, дам, мын зæгъдзынæ уый тыххæй? Цы дын хъуамæ зæгъон, зæгъын, Къота, сæрæн каст кæ- ныс, гъемæ, зæгъын, гъæй кæн, скъæфджытæ агурыньг сæр дæ нæ бахъæудзæн. Скъæфгæ мæ кæн Дзæуджы- хъæумæ, комкоммæ ахæстонмæ. Фæлæуу-ма, дам, æнæ- хъæн лекци, дам, мын куы бакастæ. Æз, дам, дæ æцæ- гæй фæрсын. Æз дæр дын, зæгъын, æцæгæй зæгъын... Фæлæуу-ма, зæгъын, Къота, Дзерассæ дын дæ минæ- вæрттæ æртæ хатты куы раздæхта, уæд уый1 цæуылнæ* скъæфыс? Куыд æвиппайды ауазал дæ, зæгъын. Де ’фхæрд дæ куыд тагъд æрбайрох?.. Дзерассæйы кой, даму мын мауал кæн, Дзерассæйы, дам, Салбегаты лæппу- тæй мæнмæ нал æвдæлы... Уæдæ ’мæ, зæгъын, Къота, гæды фиумæ нал æххæссы. Гъе уый та дын дæ усгур Къота... А г у ы б е. Дæ цæрæнбон бирæ, Нинæ, аккаг ын фæ- дæ. Н и н æ. Фæлæуу-ма, Агуыбе, ды цæуылнæ курыс? Къота чызджыты рæсугъдты уырзæй æвзарæгау куьг ’взары, уæд ды цы ныхъхъус дæ? Агуыбе. Мæгъа... Н и н æ. Ау, Ирыстоны чызджытæй иу дæу аккаг нал у? А г у ы б е. Мæ аккаг та дзы куыннæуал у... Нинæ, мæнæ ды куы ацæуай, уæд æз дæр истытæ кæндзынæн... Н и н æ. Æз, уал, æвæццæгæн, афæстиат уыдзынæн, Агуыбе... Фæлæ ды цымæ цыдæр зæгъынмæ хъавыдтæ æмæ йæ зæгъ æргомæй. Агуыбе (иу уысмы фæстæ). Нинæ, сыхæгтæ- стæм... Сывæллæтæй иумæ хъомыл кодтам, хъазыдыс- тæм, згъордтам гом къæхтæй иумæ... Куы бахъомыл стæм, уæд кастæн æмæ ме ’мбæлттæй бирæтæ дæ фæ- дыл згъордтой, фæлæ сæм ды фæстæмæ дæр никæмæ фæкастæ... Уыцы лæппутыл мæхи куы абарстон, уæд-иу 34
ахъуыды кодтон... Хазби, Дзантемырæн дзуапп чи нæ радта, уый, зæгъын, мæнмæ фæрсмæ дæр нæ фæкæс- дзæн, æмæ ма зæгъын уæд... ’ Н и н æ (йæ мидбылты бахудт). Уæд ныр тз? А г у ы б е. Ме ’мгæрттæ иууылдæр бинонджынтæ... Æрмæст ма ды æмæ æз... Æмæ мæхинымæр хъуыды кæнын... Нинæ, уарзын дæ рагæй дæр, зæгъæн куыннæ ис, ахæм уарзтæй æмæ дын æй гъеныр зæгъын. Нинæ, зæгъ мын дæ фæндон æргомæй, бæззæм кæрæдзийæн æви нæ? И и н æ. Чп зоны æмæ бæззæм кæрæдзийæн... Агуыбе. Уæдæ ма каст цæмæ у? Зæгъ мын дæ фæндон... Нинæ, ард дын хæрын, нæ дыууæ дæр æнæ- маст цард кæндзыстæм, бауырнæд дæ, баууæнд мыл. Нинæ (бахудтис). Агуыбе, ахæм дзырдарæхстæй дæ нæ зыдтон. Агуыбе. Иинæ, зæрдæ фыруарзтæй йæхи къул- тыл куы хойа, уæд дæ булæмæргъы уаст дæр ныккæнын кæндзæн... Зæгъ æй æргомæй, мæ хъысмæт дæ къухты ис... . Нинæ (иуцасдæр зæхмæ фæкаст). Стыр бузныг, Агуыбе, дæ сыгъдæгзæрдæйы рæвдаугæ ныхæстæй, æз, чи зоны æмæ уый аргъ дæр нæ дæн... Фæлæ, Агуыбе, хатыр ме ’ргом дзуаппæн, æз æндæры уарзын... А г у ы б е. Æндæры? (Иуцасдæры фæстæ.) Уæд уый та? Уый пæр дæ уарзы? Н и н æ. Уарзы, Агуы|бе. А г у ы б е. Чи у, нæхи хъæуккаг? Н и н æ. Нæу. А г у ы б е (арф ныуулæфыд). Уæдæ уымæ ацæудзы- * нæ чындзы, куыд кæсын, афтæмæй. Н и н æ. Нæ зонын... Чи зоны... А г у ы б е. Амондджын фæу... Ды мын уый тыххæй куы ницы загътай? Н и н æ. Æмæ гъа... 35
А г у ы б^е. Нинæ, æз уæддæр банхъæлмæ кæсдзы- нæн... Куы дæ фæсайа. Æз сæрыстыртæй нæ дæн... Ни(нæ. Бахатыр мын кæн, Агуыбе, фæлæ... А г у ы б е Цæй тыххæн, Нинæ? Æмбæрзæн Зæлда. Испанийы цы уæззау хæст цæуы, ууыл: рацыди иу аз, уыцы хæсты тыххæй газетты бирæ фæ- фыстой. Испанийы уæззау хæсты цы бирæ сидзæр сы- вæллæттæ баззад, уыдонæй бирæ сластой ардæм, Сове- тон Цæдисмæ, суанг ма дзы Ирыстоны дæр хъомыл кодтой... Тотырбегæй ницы хабар уыдис æнæхъæн аз... Уæд иу хатт сæрды бæрæг астæу ссыдис уырдыгæй фыстæг. Фæталынг. Æмбæрзæн ацыд хæрдмæ. Байгом сценæ, срухс. Н и н æ хидыл æрбазгъордта, æнгуз бæласыл ныттыхст. Фыстæг йæ риумæ- иылхъывта. Н и н æ. Тотыр æгас у!.. (Æнгуз бæласмæ.) Хъусыс, Тотыр ссæудзæн, фыстæг сæрвыста. Хъусыс, хъус уæдæ» цы фыссы, уымæ дæр: Фыстæг райхæлдта, кæсы йæ. Хъуысы магнитофоны лентæй Т о- т ы р б е д ж ы хъæлæс. «Дæ бон хорз, Нинæ. Мæ рухс дуне, Нинæ! Бахатыр- мын кæы, ныронг дæм кæй нæ фыстон, уый тыххæй. Мæ аххос нæ уыдис... Фæлæ дæ иунæг уысммæ дæр рох нæ кодтон... Ацы уæззау хæсты быдыры дæр-иу дæ фæл- гонц мæ разæй цыднс... Ныр сæ фæсте фæуагътам не ’ппæт фыдæбæттæ нæ ’дыууæ ды... Æлгъыст фæуæд хæст æрымысæг... Иинæ, æз æмæ ды тагъд фендзыстæм кæрæдзийы фæрнджын æнгуз бæласы хъæбысы... Нинæ, Мæскуымæ мæм хæстон комиссариатмæ фæсидтысты, бауынаффæ кодтой, цæмæй мæ арвитой Ленинградмæ ахуыр кæнынмæ академимæ. Ленинграды фæуыдзынæн 36
иу-фондз боны, стæй рацæудзынæн улæфынмæ иу-цып- пар мæйы нæхимæ. Ирыстонмæ. Æмæ уæд нæ дыууæ нæ царды кой бакæндзыстæм. Æнхъæлмæ кæс ацы къуыри. Дæхи Тотырбег!» Н и н æ (йæ сæр æнгузыл бауагъта, йæ цæстытæ фырцинæй æрæхгæдта). Æнгуз бæлас, куыд амондджын дæн æз ныртæккæ! (Къæхты хъæр куы айхъуыста, уæд сонт каст фæкодта, ауыдта Сопийы, базгъордта йæм æмæ йыл йæхи баппæрста, ныхъхъæбыс æй кодта.) На- на, Тотыр дын сæрæгас у, ацы къуыри ам уыдзæн! С о п и. Мæ хъæбул! Æз дæм хæрзæггурæггагмæ фезгъордтон ардæм. (Нинæ фырæфсæрмæй тынг фæ* тыхстис.) Знон дзы райстон фыстæг... Ды дæр дзы рай- стай? Н и н æ. О, абон дзы райстон... Нана, хатыр, мæ фыстæджытæ нырма ныр фæдæн уæрст, ныртæккæ дæм нæ колхозы машииæйы суадаин. Фæлæ кæсын æмæ дæ- хæдæг фæразæй дæ. Иана, бахатыр кæн, дæхи кæй ба- тыхсын кодтай, уый тыххæй. С о п и. Ннцы кæиы, мæ чызг, æз ныртæккæ сымах- мæ уыдтæн æмæ уæхимæ куы нæ разындтæ, уæд ахъуы- ды кодтон, цæуон, зæгъын æнгуз бæласмæ, банхъæлмæ йæм кæсдзынæн æмæ мæ амондæн ам разындтæ. Цæй, ныр дæ бон хорз уæд, мæ чызг... Н п и æ. Нана, æгас цу ды дæр. С о п и. Цæй уæдæ абадæм æмæ аныхæстæ кæнæм. (Сопи къодахыл æрбадтис* Нинæ къодахы кæрон лæу- уы.) Сбяд, сбад мæнæ мæ фарсмæ, æфсæрмы ма кæн, мæ хъæбул. (Нинæ æрбадт къодахы кæрон.) Мæнæн тынг æхсызгон у, Тотыры академимæ кæй æрвитынц, уый. Зоныс æй? Н и н æ. Зонын æй, ныффыста мæм, нана, мæиæн дæр тынг æхсызгон у. С о п и. Йæ фыстæджы мæнмæ æргомæй ныффыста, ме ссыдмæ, дам, дæхи бацæттæ кæн чындзæхсæвмæ. Гъемæ йыл, мæ къопа, дзæбæх ахъуыды кæнын хъæуы. 37
Цæттæ мæ хъæуы чындзæхсæвмæ: кусæрттæгтæ мын цæттæ сты, дыууæрдæм дæр, нуæзтытæ дæр мæм ис, "æвæрд сты, чындзæн цы хъæуы къахæй къухмæ, уыдон дæр суанг къухдарæны онг... Нинæ, Госæйæн йе ’нæниз- дзинад куыд у? Н и н æ. Фæрæвдздæр ис, йе ’фсымæр ын хорз хостæ самал кодта æмæ сæ ныр дыууæ къуырийы нуазы, хæ- рын райдыдта, фæхъæлдзæг ис. Знон сыстад æмæ кæр- ты фæрацу-бацу кодта. С о п и. Мæнæ куыддæр Тотыр ссæуа, афтæ Госæмæ дæр мæхæдæг æруайдзынæн æмæ ауынаффæ^ кæндзыс- тæм иумæ... Æз уал мæхæдæг исты амæлттæ кæндзы- нæн... Цæуон, ме ’фсымæрмæ бауайон. Н и н æ. Æз дæр ма хъæусоветмæ бауайон. С о п и ацыд. Н и н æ дæр йæ фæдыл фæцæйцыд тагъд-тагъд, фæ- лæ йыл хиды бæрæгастæу А г у ы б е хæрхæмбæлд фæцис. А г у ы б е. Дæ бон хорз, Нинæ. Н и н æ. Кæй бон у, уый хорзæх дæ уæд, мæ хъай- мæты æрдхорд Агуыбе. А г у ы б е. Нинæ, гъеныры хуызæн хъæлдзæгæй дæ яикуы федтон. Н и н æ. Раст дæ. Ныртæккæ мæнæй амондджындæр нæй... А г у ы б е. Зæгъ-ма йæ, мæнæн дæуæй æхсызгондæр уыдзæн дæ амонды хабар. Н и н æ. Агуыбе, хатыр, æргомæй зæгъын... Зоныс, æнæхъæн афæдз дзы писмо нæ уыдис, ныр дзы æнæн- хъæлæджы райстон фыстæг Испанийæ. Агуыбе. Нинæ, тынг æхсызгон мын у! Чи у? Кæ- мæй у? Кæцон у? Н и н æ. Хъобайнаг у, Тлаттатæй, йæ ном — Тотыр- бег. А г< у ы б е. Цы куыстгæнæг у? Н и н æ. У хæстон афицер, хæцыдис Испанийы, афæдз дзы фæхæцыд. Райста дзы Сырх Тырысайы ор- 38
ден, Мæскуымæ йæм фæсидтысты хæстон комиссариат- мæ Ахуырмæ йæ æрвитынц Ленинградмæ — Хæстон академимæ. Тагъд ссæудзæн улæфынмæ, цыппар мæйы ам уыдзæн, æнхъæлмæ йæм кæсын. Агуыбе. Арфæ дын кæнын ноджыдæр... Нинæ, рагæй зонгæ стут? Н и н æ. Рагæй. А г у ы б е. Куы ссæуа, уæд мæ нæ базонгæ кæндзы- нæ йемæ? Н и н æ. Табуафси, мæхи дæр фæнды, цæмæй йемæ базонгæ уай... Суанг ма мæ фæнды, цæмæй сымах уат дыууæ æфсымæры хуызæн æрдхæрдтæ. А г у ы б е. Нинæ, бузныг, кæд ын æцæг æрдхордæи бабæззон, уæд... Нинæ, ды мæ раст бамбар, дæуыл рæ- дыд хъуамæ ма æрцæуа Тотырбегæй, кæд дæ æцæг уар- зы, уæд... Дæуыл гадзрахатæй куы рацæуа, уæд мын тынг зын уыдзæн. Афицертæй дæр вæййы ахæмтæ» йæ уарзондзинад йе ’взаджы алгъыл чи дары, æмæ йæ уый фæстæ чи ату кæны... Хатыр, Нинæ, ме ’ргом ныхасæй... Н и н æ. Стыр бузныг, Агуыбе... Раст æфсымæр йæ хойæн цы фæдзæхстытæ фæкæны, уый фæдзæхстытæ мæ кæй кæныс, уымæй... Агуыбе, æз дæр дын æргомæй зæ- гъын. Æз æй хорз базыдтон, рæуæг митæй йæм мур дæр нииы ис... Кæрæдзийы хорзæй базыдтам. Дæ хуызæн хæлар, фæлмæнзæрдæйы хицау, базондзынæ йæ, мæнæ куы ссæуа, уæд. А г у ы б е. Хатыр, Нинæ, æз тагъд кæнын хъæусо- ветмæ. Н и н æ. Мæн дæр бадынмæ не ’вдæлы, нæхимæ нæ- ма уыдтæн абондæргъы... Мæнмæ дæр дзырдтой хъæу- советмæ. А г у ы б е. Цом уæдæ иумæ. Ацыдысты. Æмбæрзæн æрцыд. Æрæмбæрзта сценæ. Фæталынг. Рухсгæнæн равдыста 3 æ л д а й ы. 39
Зæлда. Тотырбег схæццæ ис Ленинградæй. Нинæ- имæ бафидыдтой, сæ чындзæхсæв — хуыцаубоны. Саба- ты Нинæ, Агуыбе æмæ Тотырбег æрбацыдысты æнгуз бæласмæ. Нинæ Тотырбег æмæ Агуыбейы базонгæ код- та. Зæлда ацыд. Æмбæрзæн йæхиуыл схæцыд. Бæласы бын Т о т ы р- б е г, Н и н æ æмæ’ А г у ы б е., Н и н æ. Тотырбег, Агуыбеимæ мах стæм сыхæгтæ, гыццылæй иумæ хъомыл кодтам, скъоламæ дæр иумæ бацыдыстæм, дæс азы фæахуыр кодтам. Агуыбе иу мæйы размæ æфсæддон службæйæ æрцыдис æмæ кол- хозы кусы. Тотырбег, мæн фæнды, цæмæй сымах уат тынг хæлæрттæ. Т о т ы р б е г. Табуафси, Нинæ, кæд мæ Агуыбе йæ- хицæн æрдхордæн аккаг кæны, уæд. • А г у ы б е. Цы ма уа царды хуыздæр æнувыд æрд- хæрдтæй. Т о т ы р б е г. Бузныг, Агуыбе. (Сæ къухтæ кæрæ- дзимæ дæттынц.) Уадз æмæ æвдисæн уæд æнгуз бæла- сы фарн не ’рдхорддзинадæн. Мæ хъаймæты æрдхорд Агуыбе, райсом мæ чындзæхсæв Нинæимæ, мæ фыццаг хæслæвæрд дын кæнын. Куыд æрдхорд, Нинæйæн ды хъуамæ уай къухылхæцæг — æфсымæр. Куыд зæгъыс, Нинæ? Н и н æ. Цы зæгъат сымах, ууыл цьг хъуамæ зæ- гъон... А г у ы б е. Стыр бузныг, Тотырбег, Нинæ, кæд уын бæззын æфсымæрæн, уæд... уый стыр арфæйаг хъуыддаг у. Дыууæ уарзон уды æууæнчы бацæуын. Н и н æ. Мæнæ уын Нана æртæ чъирийы æрбарвы- ста физонæгимæ. Н и и æ чъиритæ æрæвæрдта æнгузы бын: дурын систа, сыкъамæ дзы рауагъта æмæ йæ дæтты А г у ы б е м æ. А г у ы б е. Нæ, нæ, Тотырмæ у! 40
Тотырбег. Агуыбе, айс æмæ ракув, ды сыхагдæ, стæй мæнмæ æмбæлгæ дæр нæ кæны. Айс, айс, æфсæр- мы ма кæн... Агуыбе (айста сыкъа, систа физонæг). Цæй уæ- дæ, стыр Хуыцауы фæдзæхст ут! Стыр Хуыцау, арфæ ракæн мæнæ ацы дыууæ æмгарæн. Царды уарзондзина- дæй хуыздæр ницы ис, фæзæгъынц, æмæ мæнæ Тотыр- бег æмæ Нинæйы ’хсæн цы рæсугъд уарзондзинад баст æрцыдис, уый мыггагмæ арфæйаг куыд фæуа, уыйбæрц арфæ сын ракæи... Тотырбег, оммен зæгъ. Куывд æнæ оммснгæнæгæй нæ фидауы... Тотырбег (йæ мидбылты бахудт.) Оммен, оммен! А г у ы б е. Хетæджы Уастырджи, дæ фæдзæхст фæ- уæнт мæнæ ацы дыууæ фæллойгæнæг æмгары... Рæсугъд царды фæндагыл лæуд сты æмæ сæ дæ базыры бын ба- кæн... Т о т ы р б е г. Оммен, оммен. ( А г у ы б е. Гъе, Уастырджи, Тотырбег дæ фæдонтæй иу у... Адæмы рæсугъд царды сæраппонд фыдызнаджы ныхмæ тохмæ фæцыдис æмæ дзы фæстæмæ уæлахизæй æрыздæхтис йæ фыдыбæстæм. ^Нырæй фæстæмæ зæххы къорийыл хæсты уац куыд никуыуал уа, уыйбæрц амонд сæ уæд! Т о т ы р б е г. Оммен! А г у ы б е. Гъе Хетæджы Уастырджи, Мыкалгабыр, дуарау дзуар, хæсткъахæгæн-иу йæхи сæрыл куыд æртых- сой йæ сау фæндтæ, уыйбæрц амонд уæ уæд. Цæй, То- тырбег æмæ Нинæ, уæхицæн мæ æфсымæрæн равзæр- стат æмæ уын уæ царды рæсугъд фæндагыл амонд хæс- сæг куыд уон, уыйбæрц амонд та мæн дæр ’уæд. Кæй ракуывтон, се ’ппæты хорзæх дæр уæ уæд... Айс кувæг- гаг! Тотырбег (йста сыкъа). Кæй ракуывтай, уыдон æрцæуæнт. (Ацахуыста.) Æвиппайды æрбайхъуыст радиойæ: 41
Фашистон Германи разындис æууæнкхор. Æрбабыр- ста нæ Райгуырæн бæстæм. Æмбæрзæн ДЫККАГ АРХАЙД Левитаны хъæлæс... Советон Информбюройы хъусынгæнинаг: «Ссæдзæм июлы уæззау хæсты фæстæ не ’фсæддонтæ ныууагътой горæт...» (Левитаны хъæлæс бамынæг вæййы хæдтæх- джыты æмæ сармадзанты хъæрæй). Н и н æ афтид хызынимæ фæзындис, хидæй бахызтис æнгуз бæлас- мæ, æрбадт къодахыл, хæдтæхджыты æмæ сармадзанты гыбар-гы- бурæй зæхх ныззыр-зыр кæны... Фæзындис А г у ы б е æфсæддон дарæсы, бæрæг у, хæстæн йæ тæккæ тæмæнæй кæй цæуы, уый, йæ уæлæдарæс рыгтæ, чъизитæ, йæ цæсгом хид. Нинæ йын йæ къæхты хъæр куы айхъуыста, уæд фæзылдис Агуыбейы ’рдæм, нал æй ба- зыдта, иуцасдæр æм кæсгæйæ баззад... Н и н æ. Агуыбе нæ дæ? А г у ы б е. Дæ бон мын хорз уа, Нинæ. Н и н æ. Æгас цæуай, мæ иунæг æфсымæр Агуыбе. (Ныхъхъæбыс æй кодта æмæ йæ цæссыгтæ æркалдта.) Дзургæ, кæцæй, ’куыд, куыдтæ дæ? А г у ы б е. Мæнæ мæ куыд уыныс, афтæ, фæстæмæ уал цæуæм, нæ командир мæ иу сахат рауагъта нæхи- мæ, нæ бинонты, зæгъын/ фенон... Нинæ, бафæдзæхста \ мæ Тотырбег, цæмæй дæ фенон æнæмæнгæй æмæ ’гайт- ма ам разындтæ. 1 Н и н æ. Агуыбе, зæгъ-ма, куыд у, æнæниз у? Дзæ- бæх у?.. Агуыбе. Дзæбæх у нырма... Зоныс, æз æмæ Къота 42
иу ротæмæ бахаудыстæм, дыккаг ротæмæ. Фыццаг ро- тæйы та къамандæ кодта Тотырбег... Н и н æ. Тотырбег?! Кæм ис уый та? Агуыбе (иуцасдæры фæстæ). Нинæ, Тотырбег уа- цары бахаудта... Нинæ, дзæбæх мæм байхъус. Керчы уæззау хæсты куы бацыдыстæм, уæд разæй бырстам мах, Тотырбеджы ротæ та фæстейæ, куыддæртæй мах æрбаирвæзтыстæм бæлæгъты ацырдæм, Тотырбеджы ротæйыл æрхъула кодтой немыц æмæ уацары бахауды- сты... Уый размæ мах кæрæдзийы федтам Тотыримæ æмæ мын загъта, Керчы, дам, нæ, æвæццæгæн, уæззау тох кæнын бахъæудзæн... Цынæ вæййы, мыййаг, дам0 мæнæй раздæр куы аирвæзай, уæд, дам-иу Нинæйы æнæмæнгæй фен... Тыхсгæ, дам, ма кæнæнт. Тагъд, дам, фендзыстæм кæрæдзийы. Н и н æ. Æндæр дын ницы фæдзæхста? А г у ы б е. Ницы. Ма тыхс, Нинæ... Æз цæуон, бай- рæджы мын уыдзæн фæстæмæ. Иу-дæс минуты нæ би- нонты ауынон. Н и н æ. Ауай, ауай! (Йæ фæдыл кæсгæйæ аззад.) О, Лæгтыдзуар... Æнгузы фарн! Тотырбег мын уæ фæ- дзæхст!!! Дардæй хъуысы сармадзанты хъæр, катюшæйы нæрын, æрбазгъорд- та К ъ о т а, дыууæрдæм ракæс-бакæсгæнгæ базгъордта æнгуз бæ- ласмæ. Къота. О æнгуз бæлас, æз де уазæг... (Ауыдта, Ни- нæйы æндæрг, фæстæмæ цæуы къутæрты ’рдæм.) Кæцы дæ уый, æхсын дæ, дæ къухтæ — хæрдмæ, кæннод дæ хæдмæл кæндзынæн. Н и н æ. Къота нæ дæ? Къота. Пароль зæгъ дын, зæгъын, кæннод дæ фæ- хæдмæл кæндзынæн. Н и н æ. Къота, цæй парольтæ кæныс? Уый æз дæн, Нинæ. Къота. Фу, бирæгъты холы макуы фæуай, фæтæр- 43
сын мæ кодтай, гыццыл ма бахъæуа, ма дæ багæрах кæ- нон... Дзургæ, æфсæдтæй хъæуы исчи ис? Н и н æ. Цавæр æфсæдтæй? Къота. Советонтæй. Н и н æ. Æз та, зæгъын, кæд мæ немыцы æфсæдтæй фæрсыс, уыцы тарсгæй мæ афарстай. Къота. Немыцы æфсæдтæн сæ цæрæнбон бирæ уæд, афтæ дзæбæх нæ сурынц æмæ нæ нæ тæккæ хæдза- ры къæсæрыл удыгасæй æрбалæууын кодтой... Советон Æфсадæй дæ фæрсын. Н и н æ. Абоы сæумæрайсом ам уыдысты. Къота. Æмæ уæд ныр та? Н и н æ. Нæ зонын. Къота. Сæумæрайсомæй нырмæ ам дæ? Н и н æ. Посты уыдтæн æмæ... Къота. Цæй посты мæт ма кæныс? Уæртæ немыц Дзæуджыхъæуы минас кæнынц... Хъус-ма, Нинæ, иу хорздзинад мын сараз дæ хорзæхæй. Н и н æ. Цы хорздзинад дæ бахъуыд мæнæй? Къота. Нæхимæ бауай æмæ мæ мадæн зæгъ, йæ тардæр къабатæй иу æмæ кæлмæрзæн йемæ рахæссæд æмæ мæм ардæм фæзынæд, æз æм ам банхъæлмæ кæс- дзынæн. Н и н æ. Цæмæн дæ бахъуыд къаба? Къота. Рæвдз, хъæуы, æвæццæгæн, йæ тæккæафон у мæхи фæаууон кæнынæн". Тагъд, дæ хорзæхæй, Нинæ. Н и н æ. Гъе, уæууæй, гъе, Къота, дæ сæрмæ цытæ хæссыс? Лæг куы дæ, нæхиуæттæй дæ уæд та исчи фед- та, уæд сын цы зæгъдзынæ? Къота. Уыдон мын цы загътой, уый дæр бавзæр- стон, æмæ ма стæй цы зæгъдзысты, уый дæр зоиын, æмæ дæ æз дæр уымæн æрвптын... Уыдон та мæ фæстæ- мæ æрвитдзысты... Цытæ дзурæм, цы, акæс ма сæм, раз- мæ ’куыд бырсынц, уымæ. Æрмæст ма нæ бумбули фæс- тсйæ зайы... А дыууæ боны Арвыкомæй фæуæле уыдзы- сты... Æ, æ, бирæ хъуыды кæнын ыл ницæмæн хъæуы, 44
гныртæккæ куыд ссæнды, афтæмæй дыууæ къуыримæ .зæххы къори Гитлеры къухты уыдзæнис... Нæ, Нинæ, искуы фæмарды бæсты фæлтау мæхи уæзæгыл фæмард уон... немыцæй ма исчи аирвæза... Н и н æ. Кæмæй зæгъыс, кæ? К ъ о т а. Кæмæй зæгъын, кæ, коммунисттæ æмæ ев- рейтæй. Гитлер сæ йæ бинонты сæфт уыны... Уæлейæ цы сыфтæ калынц, уым немыц комкоммæ афтæ сидынц, немыцæн, дам, чи куса, уыдон, дам, хъаны цард кæн- дзысты. Хъæууонхæдзарады куыстытæм, дам, рæвдз чи уа, хуым кæнынмæ, фосмæ зилынмæ... Æмæ мæн та уы- дæттыл ахуыр кæнын бахъæудзæн? Æз сæ Советон вла- стæн дæр куыстон уæхскуæзæй, немыщæн дæр кусдзы- нæн... Уæлейæ сæ паддзахæй чифæнды дæр бадæд, мæ- нæи сæ хъауджыдæр нæй, фæнды Сталин, фæнды Гит- .лер. Афæлварон немыцы уæгъдибар царды, чысыл мæ фæллзд суадзон... Æз мæхæдæг ацæрон, æндæр дур ду- •рыл ;;æр мауал баззайæд. Й и п æ. Къога, мæнæ куыд райдыдтай уасын, мæ- нæ... Къота. Гъе афтæ, мæнæн немыцимæ ницы уари- паг ис... Ауадз æмæ иннæтæ хæцæнт, æз мæ уд куы æр- байсафон, уæд мæ гыцци йæ хъæбулы уд дуканийы нæ алхæндзæн... Æнхъæлдæн чидæр æрбацæуы. (Æмбæх- сынмсе хъавы.) Н и н æ. Уый Агуыбе у, цæмæй дзы фæтарстæ? К ъ о т а. Кæс-ма, æцæг у Агуыбе. Л г у ы б е. Гъе, ауыдтон нахиуæтты. (Ауыдта Къо- тайы.) А-а, Къота куы дæ, дæу дæр рауагътой уæхимæ? Къота. Рауагътой, æфсæддонтæ хъæуы сты? А г у ы б е. Не сты. Къота. Уый тынг хорз, уæдæ æз згъорон. (Фес- тад, цæцынмæ хъавы.) А г у ы б е. Къота, фæлæуу-ма. Къота. Цы дæ хъæуы? Н и н æ. Агуыбе, Къота дезертир у. 45
А г у ы б е. Дезертир? Къота. Цыфæнды дæр мæ схонут, уæддæр немы- цы цæхæр пецмæ — нал! Агуыбе. Уæдæ гъæйда уæхимæ? И!? Къота. Дæуæн дæр æй мæ цæст уарзы, ме ’рхорд Агуыбе, мæ уынаффæ дын: гъенырæй хуыздæр фадат дын никуы уыдзæн дæ сæр бафснайынæн. Цалынмæ дын нæ байрæджы, уæдмæ. Цом, цом, Къобы ’рдæм иу- мæ, уым хæстон уавæртæй ницы ис... Нæ хæстæджытæ нæ бавæрдзысты, цалынмæ хæст фæуа, уæдмæ... Агуыб,е. Хорз, хорз, нанайы къона, ныр та уал гъæй кæн мæ разæй фронтмæ, æнæуæлдай ныхасæй! Къота. Цы, дам! Гъæй кæн дæхæдæг, дæуæн дæ цард аслам у! Агуыбе (æртхъирæнæй). Къота, цом, зæгъын, фæ- стæмæ фронтмæ! Къота. Фæндараст дæ Къобы Уастырджи фæкæ- нæд. А г у ы б е (йæ автомат йе уæхскæй феппæрста). Æз дæ топпы бырынкъæй дæр фæхæццæ кæндзынæн. К ъ о т а. Æллæх, фæтæрсын мæ кодтай. Агуыбе. 0, ма кæн Къота, æрæмбар дæхи! Къота. Цы ма кæн? Æз фондз æмæ ссæдз азьт Къота дæн, æмæ ма хъуамæ ацæрон Къотайæ сæдæ фæпдзай азы онг, æрмæст æдылыйæ нæ, æгъгъæд фæ- уæд, фæхæныдтæн æвæндонæй, гъеныр та бæркад мæ- нæй... Дæхæдæг хæц, цæугæ, кæд дын дæ цард сау суа- рийы аргъ йеддæмæ нал у, уæд фæндараст, Дзывгъисы дзуар дæ фæидараст фæкæнæд. (Фæзылд цæхгæр æмæ фæцæуы.) А г у ы б е. Æрлæуу, фехсдзынæн дæ! Къота (цæхгæр фæзылдис). Фехс. Тарст лæджы нал фæтæрсын кæндзынæ... Цæугæ, Агуыбе, хæцынмон- даг’дæ æмæ хæц... Æз æй нæ бауарзтон æмæ никæимæ хæцын, æз дæ нæ хъыгдарын, ды дæр мæ ма хъыгдар. 46
А г у ы б е. Уæдæ мæ хъаст ма ракæн, куыдзæй гуырд. Н и н æ (йæхи йыл баппæрста). Нæ хъæуы, Агуыбе, дæ къухтæ ма чъизи кæн, дард нæ аирвæздзæн, Сырх Æфсадæй кæд аирвæзтис, уæддæр партизантæй нæ аир- вæздзæн, уыдон æй хæрæджы мард ныккæндзысты. Агуыбе. Ахæм тæппуд разындзæн, уый æнхъæлчи уыд?! Цæй, Нинæ, хорзæй баззай... Тотырæй исты ха- ^бар куы уа, уæд дæм æй хъусын кæндзынæн... Н и н æ. Агуыбе, Лæгтыдзуар дæ фæндараст фæкæ- нæд. А г у ы б е. Бузныг, фенынмæ... Фидар лæуу, Нинæ. {Тагъд-тагъд ацыд.) •Фæталынг ис. Дзодзæбе æмæ 3 æ л д а й ы ныррухс кодта прожектор, Зæлда къодахыл бады, Дзодзæбе бæласыл йæхи ба- уагъта, йæ къухы газет. Дзодзæбе. Диссаг та куыннæ у... Хæст куы рай- дыдта, уæд мæныл дыууæ азы дæр нæма цыдис, фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма йæ дзæбæх хъуыды кæнын... Хъуыды ма кæнын, мæ фыд куыд ацыд хæстмæ, куыд æрбацыд фæстæмæ Джызæлмæ цыбыр рæстæгмæ, йæ хъæбысы мæ куыд фелвæста, уый дæр... Стæй та фæс- тæмæ куыд ацыд фронтмæ, уый дæр. Зæлда. Дæуæн хæсты тыххæй арæх дзырдтаик- кой? Дзодзæбе. Ай-гъай, нана-иу мын арæх кодта хæсты хабæрттæ, æвæццæгæн мæм уый тыххæй афтæ каст, цыма æппæт хæсты хабæрттæ мæ цæстыты раз цы- дысты. Зæлда.Мæнмæ дæр афтæ кастис. Дзодзæбе. Æз ма хъуыдьг кæнын, хæст цы бон фæцис, уыцы бон дæр. Хъуыды ма кæнын, уыцы бон мæ мад ацыд нæ хæдзарæй. Кæдæм, уый нæ зыдтон, стæй йæ ссардтон быдыры, куырисыл бады, хæрдмæ кæсы æмæ афтæмæй кæуы... Мæ фыды мард уæды онг нæ 47
зыдтон.,Фæмардис Харьковы бынмæ. Мæ мад... Мæнæн дæр æй не схъæр кодта æмæ мæ кæстæр хойæн дæр. 3 æ л д а. Мæнæн та мæ фыд фæмардис раст мæнæ ацы ран, бæласы тæккæ бын 1942 азы... Уый размæ дзырдтой,, Керчы, дам, фæмард ис, зæгъгæ... Стæй мæ мадмæ иу бон иу гыццыл лæппу æрбазгъордта, йæ къу- хы.æртæтигъон фыстæг. Дæ хæрзæггурæггаг, дам, мæн, авæрдта йæм фыстæг, райхæлдта йæ йæ хуылфы гыц- цыл гæххæтты гæбаз, гæбазыл фыст, æрмæстдæр дыууæ ныхасы... «Æнхъæлмæ кæс изæрмилты. Тотыр». Цыр?гъ æрхуыссыди фæстæмæ уыцы уысм сындæггай. Тотырбег кусæн уæлæдарæсы æнхъæлмæ кæсы æнгуз бæласы , бын. Къодахыл бады, тамако дымы. Нинæ тагъд-тагъд æрбазгъордта хидыл, йæ уæлæ хуымæтæджы къаба, йæ сæрыл цъæх сæрбæттæн, Тотырбеджы куы ауыдта, уæд æй нæ базыдта æмæ фæзылд иуварс- мæ, йæхи донмæ кæсæг акодта,.. Т о т ы р б е г. Нинæ! Н и н æ (цæхгæр фæзылд, ыу уысммæ кæрæдзимæ кæсгæйæ аззадысты, стæй кæрæдзимæ тагъд-тагъд баз- гъордтой). Мæ зынаргъ, æгас мын дæ?! Т о т ы р б е г. Мæнæ ма Нинæйы федтон! (Ныхъ- хъæбыс æй кодта.) Мæ уæларвон зæд, дæ иунæг фенд æмæ бахудтæй мс ’ппæт хънзæмæрттæ æмæ фыдæбæттæ куы æрбайсæфынц!.. Уæззау хæсты быдыры мæ сæнтты мæ разæй фæуайыс æмæ мыл амонды базыртæ базайын кæныс. Нииæ. О, о> Тотыр, мæн уырныдта, ды мæм сæрæ- гасæй кæй сыздæхдзынæ!.. Æз куывтон Лæгтыдзуармæ, дæ рахиз фарс куыд цæуа, æмæ дæ дæ фыдæлты уæзæг- мæ дзæбæхæй куыд æрхæццæ кæпа, мæ ахсджиаг! Тотырбег. Гъо! Уыдон иууылдæр дæ куывдтытæ уыдысты! Н и н æ. Ох, мæхи Тотыр! (Йæ сæр Тотырбеджы ри- уыл бауагъта.) Мацы дзур, уæддæр дæ нæ бамбардзьь 48
нæн, æз ныртæккæ фырцинæй, фырамондджынæй мæхæ дæр нæма æрæмбæрстон, цалынмæ мæхиуыл баууæн- дон, уæдмæ....ды мын сæрæгасæй кæй сыздæхтæ, кæй баззадтæ... (Иуцасдæры фæстæ йæм æнæдзургæйæ хæрд- мæ скастис.) Уый дын боцъотæ!.. (Бахудтис). Рæсугъд дыл фидауынц, ма сæ ныддас... Цæй-ма, кæцæй мæм фæзындтæ? Дзургæ, ма кæн. Т о т ы р б е г. Уый дардыл таурæгъ у, фæлæ дын æй цыбыртæй радзурдзынæн. Керчы ныл æрхъула кодтой немыц, æртæйæ ма ма тыхтæй-куыддæртæй аирвæзтьь стæм... Цыдæр лагермæ бахаудыстæм, фæлæ та уыцы ’хсæв уырдыгæй дæр алыгъдыстæм, фæстейæ нæ ра- сырдтой... Мах нæхи браны бынмæ баппæрстам, æртæ- йæ дæр ленк кæнынмæ рæвдз разындыстæм, рухсытæй иу нæ куы ацахстой, уæд та-иу браны бынмæ... Тыххæй- фыдтæй æрбаирвæзтыстæм ацырдæм. Хъусæм куыйты рæйын дардæй. Иу хъæу, Иличовкæ, уым хъæуы кæрон хæлд хæдзары фæаууон кодтам нæхи... Уыцы æхсæв хъæды къохмæ æрбаирвæзтыстæм æмæ нæ амондæн партизантимæ баиу стæм... Немыц размæ куыд цыды- сты, афтæ мах та сæ фæстæ чъылдымырдыгæй тох код- там... Н и н æ. Æмæ иыр та? Ныр дæр партизантимæ дæ? Тотырбег. 0, партизантимæ... Ам, Ирыстоны цы партизанты къордтæ ис, уыдонимæ баиу стæм. Н и н æ. Æмæ ныр кæм стут? Т о т ы р б е г. Санибайы хъæды уал æрфысым код- там. Н и н æ. Кæцы Санибайы? Т о т ы р б е г. Хохы Санибайы. Н и н æ. Бирæ стут? Т о т ы р б е г. Нырма фынддæс æмæ ссæдз, тох кæн- дзыстæм, стæй фæфылдæр уыдзыстæм... Цæй, дзургæ* кæп, ам тынг хъыгдард цæуынц адæм немыцæй? Н и н æ. Цытæ дзурыс! Сæ туг сын дойныйæн нуа- зынц. Нæхи æвзæртæй нын хицæуттæ скодтой. Къотайы 49
-та нæхи хъæуы сæвæрдтой хистæрæй... æмæ адæмы туг .цъиры... Къотайы æвзагæй комендант мæнмæ дæр иу цалдæр хатты фæсидтис, цæмæй сæм кусын райдайон... .æз сын нæ бакуымдтон. Т о т ы р б е г. Æмæ дæм никуыуал фæдзырдтой ко- :мендатурæмæ? Н и н æ. Куыннæ ма, Къотайы мæм æрбаминæвар кодтой знон æмæ сын загътон, абон, зæгъын, мæ не ’вдæлы, райсом бацæудзынæн... Иугæр дæуæй хабар куы базыдтон, уæд зæгъын, Тотыры афæрсон, цы бакæ- нон, уымæй... Т о т ы р б е г. Нинæ, зын дын уыдзæн, фæлæ сæм ба- цу æнæмæнгæй кусынмæ. Фæлæуу-ма, цавæр куыстмæ дæ кæнынц, уымæй сæ нæ афарстай? Н и н æ. Къотайы афарстон æмæ, дам, постхæссæг иу ранæй иннæ ранмæ... Т о т ы р б е г. Райдай сæм кусын æнувыдæй, цыдæ- риддæр дын хæс кæной, архай сæ æххæст кæныныл... Уый махæн тынг хорз æххуыс уыдзæн. Де 'уУæнк сыл бафтау. Н и н æ. Тотыр, тæрсгæ кæнын... Мыййаг мæ куы ба- зоной, стæй ацы Къота смудынмæ куыдзæй’ уæлдай нæу. Т о т ы р б е г. Зонын æй, æнцон нæу... Къотайы тых- хаЬй та мах нæхæдæг атæрхон кæндзыстæм... Нырма уал уадз æмæ кусæд... Уæдæ уал фенынмæ. Æмбæрзæн ÆРТЫККАГ АРХАЙД Зæ л д а рухсгæнæны рухсмæ. 3 æ л д а. Нинæ Тотыры фæдзæхстмæ гæсгæ райдыд- та кусын немыцы комендатурæйы... Радтой йын сæрма- гонд гæххæтт, цæмæй уæгъдибарæй цæуа хъæутæм, æх- 50
хæст кæна комендатурæйы фæдзæхстытæ. Нинæ, комен- датурæйы бардзырдмæ гæсгæ алы сабат æмæ хуыцау-- боны изæрты æмбырд кодта немыцы афицерты, пали- цайты, хистæрты, се ’мбырды фæстæ-иу сын комендант скодта куывд. Куывдæн йæ сæйрагдæр æфсин уыдис Нинæ. Нинæ сын кодта ирон хæринæгтæ: уæливыхтæ,, фыдджынтæ, лывзæ... Иу изæр барæй æрæгмæ цæттæ- кодта фыдджынтæ. Комендант æм рацыд, цæмæн, дам, æрæджы кæныс... Нинæ йын загъта: иунæгæй зын у фыдджынтæ кæнын æмæ куырдта, цæмæй йын бар рад- та йæ хæстæг чызджы æрбакæнын. Радта йын бар æмæ æрбакодта Тотырбеджы æрвыст чызджы. Нинæ-иу цы- дæриддæр базыдта, уыдон-иу чызгмæ алæвæрдта, чызг та — Тотырбегмæ. Рухсгæнæн æрхуыссыдис. Уыцы иу рæстæджы æмбæрзæн хæрдмæ. ацыдис. Сценæ ныррухс. Тотырбег къутæрты бын æнхъæлмæ кæсы Нинæмæ. Н и н æ иуцасдæр рæстæджы фæстæ фæзынд æнгуз бæласы цурмæ. Дыууæрдæм аракæс-бакæс кодта, стæй ауыдта То^ тырбеджы æмæ йæм тагъд-тагъд бацыд. И и н æ. Куыд уынын, афтæмæй мæм бирæ фенхъæл- мæ кастæ? Кæрæдзийыл цин кæнынц. Т о т ы р б е г. Цæмæн афтæ байрæджы кодтай? Куыд сты? Н и н æ. Алы æхсæв дæр рвсыг вæййынц, Къота дæр семæ, афтæмæй. Т о т ы р б е г. Бирæ нал фæхиздзысты ам, сæ фæс- таг бонтæ æрхæццæ сты. Райсом ма дæ йæхæдæг обер- лейтенант æрбафæндараст кæндзæн уæ хæдзармæ? Мах обер-лейтенаит хъæуы удыгасæй... А Къота нын никуы- дæм аирвæздзæн, уый нæ къухты ис... Н и н æ (Тотырмæ бакаст). Ацы тугцъиртæй мæ тагъд фервæзын кæндзынæ? Т о т ы р б е г. Райсом бацархайдзыстæм. И и н æ. Уæдæ кæрон æрцыд мæ хъизæмæрттæн? То- 51
•тыр, знон мæм нæ хъæубæсты зæрæдтæ æрбаминæвар кодтой, ныууадз, дам, дæ куыст. Мауал, дам, уæй кæн дæ хъæубæстæ. Зæрæдтæн æмæ сидзæргæстæн цы митæ кæныс, ууыл, дам, дзæбæх ахъуыды кæн, мæнæ, дам, партизантæ куы фæзыной, уæд, дам, дын уыдон фенын кæндзысты... Т о т ы р б с г. Цас адæмæн æнæуынон уыдтæ, уый- <бæрц дыл немыц æууæндыдысты. Уый ахсджиаг куыст уыдис... Н и н æ . Цы сарæзтон уагæр? Тотырбег. Цы сарæзтай? Ды махæн ахæм æх- хуыс куы нæ кодтаис, уæд мах уыйбæрц хæстон хæцæн- гарз не ’рбакалдтаиккам, фынддæс ныббырстæй иу дæр дзæгъæлы нæ фæци. Н и н æ. ’ Ницы мæ хъæуы, æрмæст тагъд сырд куы ’рця’уиккой нæ фыдызнæгтæ. V Т о т ы р б е г. Тагъд сæхæдæг лидздзысты, кæд ма сæ исчи аирвæза, уæд. И и н æ. Гыцци цъæх арты судзы, алыбон, дам, ахæм æнæуаг ныхæстæм хъусын мæ бон нал у. Т о т ы р б е г. Гыцци тагъд базондзæн йæ чызджы рæстлзииал, нæ хъæбатыр чызджы рæстдзинад. Н и н æ. Зæгъ-ма, партизантæ нæ зонынц, чи дæн, уый? Т о т ы р б е г. Райсом базоидзысты, чи у сæ уацхæс- сæг, уый æнæнхъæлæджы. Н и н æ. Æмæ дын Райхан ницы’ фехъусын кодта? Т о т ы р б с г. Æндæрæбонæй нырмæ йæ нæма фед- тон. Н и н æ. Ног хабар ис: Майрæмададжы быи, хъæд- рæбын сын ис хæцæнгæрзты стыр æфтауц, ноджы бирæ бричкæтæ сæ тæккæ дзагæй лæууынц æмбæрзтæй, цы оæ»пс, уый нæ зонын. Тотырбег. Тынг хорз, Нинæ, мах сæ базондзыс- тæм. 52
Н и н æ. Тотыр, знон Къота ам цæхæрадоны цыдæр .■архайдта, мæ зæрдæ йæм æхсайы. Т о т ы р б е г. Цафон уыдис, ардыгæй куы ацыдтæн, уæд? Н и н æ. О, йæ цæвæг йе уæхскыл, афтæмæй. Т о т ы р б е г. Куыд æнхъæл дæ? Хуымæтæджы нæ уыдаид ам? Н и и æ. Хуыцау йæ зонæг, цæмæн карстаид хос цæ- хæрадоны, кæд æмæ уыгæрдæны кæрдæг астæумæ у, уæд? Тотырбег. Уый раст у. Ау, исты бамбæрстаид? Дæхи уал хъахъхъæн, иу æхсæв ма дæ зын. Абон цы йон у? Н и н æ. Абон цыппæрæм. Т о т ы р б е г. Райсом майрæмбон. Райсом изæрæй мæнæ ацы тæккæ ранмæ... Бирæ дæ нæ хъæуы, дæ уæ- лæдарæс апвдзынæ истæмæйты... Н и н æ Т о т ы р ы мидæггаг дзыппæн систа наган, гыццыл наган. Н и н æ. Мæнæ цы дзæбæх у, ратт ма мын æй. Тотырбег (бахудтис). Дæу фæуæд. Н и н æ. Цæуыл худыс? Ома дзы бахъуаджы сахат нæ сарæхсдзынæн, зæгъыс? Т о т ы р б е г (Нинæйы фындзы хъæл йæ къухæй рæвдаугæ æлхъывд ныккодта). Сарæхсдзынæ дзы.. Са- хуир ыл кæнын бахъæудзæн. Цы хуыйны, уый зоныс? Н и н æ. Нæ зонын. Тотырбег. Ацы наган мæм баззад немыцаг сга- рæгæй, куы йæ ацъипп кодтон, уæд. Вальтер хуыйны, куы дзы фехсай, уæд хъæр нæ кæны. Мæнæ дын гил- дзытæ дæр. (Йæ хæлафы дзыппæй сыста нæмгуыты къопп æмæ йæм сæ радта.), Н и н æ. Тотыр, æмæ дæхæдæг æнæ хæцæнгарзæй куыд уыдзынæ? Т о т ы р б е г. Ис мæм. ма тæрс. Цæй ,æз цæуын. Н н н æ. Æцæг афæстиат стæм. 53
Т о т ы р б е г. Ахсæв уыцы бричкæты афистæг кæ- нын бахъæудзæн, бæхтæн сæ тæккæ хуыздæр дæуæн лæвар уыдзæн. Н и н æ. Мæн ницæмæн хъæуы, æрмæст ма мыл ах- сæв тагъддæр куы сбон уаид, нæ бафынæй уыдзынæн, æнхъæлмæ кæсдзынæн. Т о т ы р б е г. Ма тыхс. Н и н æ. Куыддæр мæ нæ уырны. Т о т ы р б е г. Ардыгæй сомыхсæвмæ... Н и н æ. Тотырбег, райсом дын цыдæр зæгъдзынæн. Тотырбег. Зæгъ æй ныртæккæ. Нинæ (йæ сæр батылдта). Æрмæстдæр райсом. Тотырбег. Цæй, кæд райсом, уæд райсом дæр фæуæд. Н и н æ. Дæхи хъахъхъæн. Т о т ы р б е г. Цæуын. Хорз фынтæ дæ хай. Н и н æ. Дæуæн дæр, мæ зæрдиаг... Т о т ы р ацыд. Н и н æ йæ фæдыл кæсгæйæ баззадис иуцасдæр,. стæй къутæртæй æнгузмæ бацыдис, æрлæууыд йæ разы, йæ къухтæй} йæ рæвдауы, зæхмæ кæсгæйæ хъуыдыты аныгъуылд. Фæзынд К ъ о- т а къутæртæй. Къота. Салам, мæ зæды лæппын. (Нинæ фæтæр- сæгау кодта). Цы кодтай? Фæтарстæ? Ма тæрс, нæхи- уæттæй дæн... Нинæ, мæ сæныкк, егъау хæсæвæрд дыя æрцыдис æмæ фæраз... Хæс дарыс афицертæй, кæс-ма, радыгай сæ куыд ивыс, фыццаг немыцаг обер-лейтенан- тимæ тезгъо кæныс, стæй та советон афицеримæ. Зæгъ- ма, æцæг хæс дарыс дыууæрдыгæй дæр? Н и н æ. Къота, æмæ дзы дæу та цы хъуыддаг ис> Æз дæ куы нæ фæрсын, мæгуыр сидзæр чызджытæн цьг мртæ кæныс, уымæй? Цы дæ хъæуы мæнæй, кæимæтез- гъо кæнын, уый дæр мæхи хъуыддаг у... Къота. Æгæр мæ нæ афхæрдтай, хорз чызг... Си- дзæр чызджытæ сæ бынæттæ куы нæ фæзонынц, уæд. 54
сын афтæ фæхъæуы... Дæумæ та хæлæг кæнын, дæ хъуыддаг, зæгъын, хорз цæуы хистæр... Н и н æ. Къота, хъахъхъæн дæхи обер-лейтенантæй, уый куы фехъуса хахуыр ныхæстæ йыл кæныс, уæд дын хорз нæ рауайдзæнис. (Ацыд.) Къота (йæ фæдыл). Æмæ цы кæны, фенæм, дард- .дæр сæ хъазт куыд ацæудзæн, уый дæр. Фæталынг/ Зæлда. Нинæ æгас æхсæв йæ цæстытæ кæрæдзи- уыл не ’рывæрдта. «Цыма Къота цы зоны, бахъахъ- хъæдта нæ æви нæм йæ зæрдæ фехсайдта? Афтæ æрго- мæй цæмæн дзырдтаид?» — хъуыды кодта, фæлæ йæ сæр ницы ахста. Рухсгæиæн ахуыссыд. Сценæйы ссыгъди цырагъ. Дыккаг бон изæрæй. К ъ о т а тагъд-тагъд æрбацæйцыдис, знон Тотырбег æмæ "Нинæ цы къутæрты фембæлдысты, уыцы ранмæ. Иæ къухы наган, дыууæрдæм акæстытæ кодта. Къота. Дзибыл! Æрцæттæ кæн дæхи, Нинæ æрба- цæуы! Бинæ хидæй æрбахызт æмæ фæцæуы, кæдæм баныхас кодтой, уы- цы къутæрты рæбынмæ. Къ о т а йæ дамбаца амбæхста, йæ дзыппæй систа бæндæн æмæ йæ йæ сины æрсагъта, афтæмæй рацыд Нинæмæ, йæ разы æрлæууыд. Къота. Де зæр хорз уа, Нинæджан, кæдæм дарыс дæ фæндаг? Н и н æ. Æгас цу, Къота, ды та афтæ æнафоны ам цы ми кæныс? Къота. Зоныс, мæ сæгъ йæ бæттæнæй йæхи ра- тыдта æмæ уый фæдыл ацырдæм рацыдтæн, йæ агуры- нæй бафæлладтæн æмæ, зæгъын, гыццыл куы аулæфин, ды та кæдæм, мæ зæрватыкк? Н и н æ. Æз дæр, æвæццæгæн... 55
Къота. Бынат агурыс дæ уарзонимæ фембæлдæн* рæсугъд ран у, къутæрты бын... , Н и н æ. Къота, де ’мбудæнтæ хорз кусынц, базыд- тай йæ... Къота. Кæимæ у дæ фембæлд? Н н н æ. Кæй зæгъын æй хъæуы, демæ нæ... Къота. Æз та цы дæн дæ афицерты раз... Нинæ. Цæй хорз, цæугæ, кæннод дæ Хуыцау бахи> зæд, куы дæ фена мемæ обер-лейтенант. Къота. Уæдæ лейтенант, и? Немыцаг æви советон лейтенант? Н и н æ. Советон кæцæй? Къота (йæ тыхтонмæ йын бакаст). Уый та дык цы у? Н и н æ. Гобан æмæ хъæццул. Къота. Фæлæуу-ма, фæлæуу. (Схуыфыд, чъыл- Аымырдыгæй фæзынд Дзибыл, Нинæ йæ нæ уыны, аф- тæмæй.) Куыд фæзæгъынц, Хуыцау дын æххуысгæнæг фæуæд. Д з и б ы л фæстæрдыгæй Н и н æ й ы .дзых ахгæдта, Къота йын йæ дзыхы цыдæр бызгъуыр анадта, йæ къухтæ йын бабастой бæндæнæй, йæ къæхтæ дæр. Гъеныр бакæсæм, кæддæра дын кæимæ ис фембæлд дæ уарзæттæй. (Дзибылæн.) Цынæ вæййы, иуварс уал æй аласæм. Систой йæ æмæ йæ къутæрты фæстæ æрæвæрдтой. Уыцы минуг фæстæмæ фездæхтысты. Хъусыс, Дзибыл, йæ уарзон дæр ныртæккæ фæзын- дзæи. Сæ дыууæйы дæр хъуамæ обер-лейтенанты раз æрлæууын кæнæм... Ныр та уал æй æз æрфæрстытæ кæндзынæн, хæсты быдыры цытæ цæуы, уымæй. Стæй, бæлвырдæй базонын хъæудзæн, Нинæимæ йын цы баст- дзинад ис, уый дæр. Иæ хæстон æфтауцтæ нын чи фæ- къахта æмæ басыгъта, уымæй дæр, нæ бæхтæй, нæ- 56
бричкæтæй... Цыбыр дзырдæй, уый фæстæ йæм æркæс- дзыстæм. (Дыууæрдæм аракæс-бакæс кодта, стæй зæх- хæй систа Иинæйы тыхтон æмæ йæ дæтты Дзибылмæ.) Баппар æй къутæртæм æмæ уал æрæмбæхс дæхæдæг дæр. (Иæхæдæг йæ наган æрцæттæ кодта.) Цалынмæ дæм фæдзурон, уæдмæ ма фезмæлай (Æрæмбæхст къу- тæрты). Д з и б ы л. Бамбæрстон дæ. (Æрæмбæхст). К ъ о т а. Дзибыл, фæзындис, цæттæ у. Д з и б ы л. Хъусын. Тотырбег фæзындис, дыууæрдæм аракæс-бакæс кодта, стæй æнгуз бæласы бын æрбадтис. Систа йæ дзыппæй тамакодон чыссæ, систа тамако, стыхта æмæ дымы, уыцы рæстæджы Къота къу- тæртæй рацыдис хуымæтæджы хуызы Тотырбеджы размæ. Къота. Дс зæр хорз, хорз лæг. Тотырбег (фестад). Кæй изæр у, уый хорзæх дæ уæд. Къота. Бад, бад, цæмæн сыстадтæ. Т о т ы р б е г. Сбаддзыстæм, сбад ды дæр, дæ хор- зæхæй, иу тамако адым. (Дæтты йæм тамакойы чыс- сæ). Айс чыссæ, табуафси. Къота. Стыр бузныг, уæллæй, ахæм тамако ды- мын мæм æрцыдис æмæ дын куыд зæгъон, раст мæ ко- мы дæттæ æруадысты. (Айста чыссæ æмæ тухы). Исты хабæрттæ уал кæн... Цытæ цæуы, цытæ хъуысы фрон- тæй?.. Т о т ы р б е г. Уæллæй, æз дæр дæуæй уæлдай ницы зоныы, ницы хъусын. Фæлæ, дам, сæ дæрæн кæнынц кæмдæр Сырх Æфсад... Немыц ма Джызæлы сты? Къота. Нырма, дам, Джызæлы... Хатыр, бафæр- сын аипп ма уæд, кæцон дæ? Дæ ном, дæ мыггаг кæ- мæй у? Т о т ы р б е г. Æз хъобайнаг дæн. Мæ мыггаг Тлат- татæй, мæ ном Тотырбег. Ды та кæцон дæ, кæмæй? Къота. Джызæйлаг, Бæлиатæй, мæ ном Ростъом. 57
Тотырбег. Бæлвырдæй та, хатыр, Бæрæгъуынты Къота. К ъ о т а фæджих ис. Цы фæджих дæ, нæ дæ базыдтон? Къота. Уæллæй базыдтай... Фæлæуу-ма, кæцæй. мæ базыдтай, дæ хорзæхæй, зæгъ-ма. Т о т ы р б е г. Фронтæй. Къота (хæрз æввахс æм бакастис). Фæлæуу-ма, фæлæуу... Уæллæй, æз дæр дæ базыдтон, кæс-ма, дæ боцъотæй дæ нал базыдтон, къамандир нæ уыдтæ? Т о т ы р б е г. Уыдтæн. Къота. Афтæ, афтæ, нæ хæстон къамандиртæй. Т о т ы р б е г. Кæрæдзийы хорз базыдтам... Къота. Ныртæккæ та партизанты къамандир, аф- тæ нæу? Т о т ы р б е г. 0, ныртæккæ та партизанты къаман- дир дæн. Къота. Дæ хъуыддаг раст уа, Тотырбег, уæллæй, дысон немыц æгас хъæуы сыстын кодтой фæдисы, сæ хæстон æфтауцты цыдæриддæр хорзæй уыдис, фæхастой. сæ, стæй сыл арт бандзæрстой æмæ сау æвзалы баис- - ты... Иоджы иу-фондз æмæ ссæдз бæхы аластой... сæ цæрæнбон бирæ уæд лæ фæсивæдæн... Сахъ фæсивæд сты дæ партизанты къорд. Т о т ы р б е г., Æргом дзырды къæм нæй, фæзæ- гъынц. Къота. О, фæсаууонæй æргом дзырд хуыздæр у, кæй зæгъын æй хъæуы. Т о т ы р б е г. Къота, кæд нæ рæдийын, уæд ды та кусыс фашисттæм хистæр полицайæ? Афтæ нæу? Къота (джихæй аззад). Раст у, æз кусын немыц- мæ хистæр полицайæ. Фæлæ диссаг, кæцæй йæ базыд- тай? Чи дын дæтты ахæм бæлвырд хъусынгæнинæгтæ? Т о т ы р б е г. Уым диссагæй ницы ис. Кæд æмæ ды базыдтай партизанты къамандир кæй дæн, уæд æй ды 58
дæр дæ фыны нæ федтай, фæлæ дæм æй фæхабар чын- дæуыд, мæнмæ дæр раст афтæ фæхабар кодтой, кæй хъыгдарыс, уыдон... Зæгъ-ма, Къота, æппын дæ сомбо- ныл никуы ахъуыды кæныс? Къота. Æз мæ сомбоныл куы нæ ахъуыды код- таин, уæд мæ хъысмæт немыцимæ не сбастаин... Т о т ы р б е г. Къота, хæстæй ралыгъдтæ, гадзраха- тæй рацыдтæ, хæсты йæ туг чи калы, уыдоныл. Фыды- бæстæйы сæраппонд йæ сæр нывондæн чи ’рхаста, уы- доныл... Дæ хæстон дарæс сылгоймаджы къабайæ раив- тай, æмæ дæ тæппуд уд фæрамбæхс-бамбæхс кодтай Ирыстоны къуымты, быдырæй хохмæ, хохæй быдырмæ... Ныр æй тугцъир фашисттæн ныууæй кодтай дæ гуыбы- ны хæлцыл. Ды куыд æнхъæлыс, Ирыстоны хæсты бы» дыры чи тох кæны, уыдон иууылдæр фæцагъды уыдзы- сты?.. Рæдийыс, уæлахизимæ чи сыздæха, уыдон ам, фæсчъылдым фыдмитæ чи кодта, уыдонæй дзуапп æр- домдзысты... К ъ о т а (иуцасдæр зæхмæ кæсгæйæ арф ныуулæ- фыд). Хатыр, Тотырбег, ды тынг раст дæ, æз ме ’мбæлт- тимæ æгæр уæлдай митæ фæкодтон, фæлæ сæ сраст кæндзынæн... Æз дзæбæх ахъуыды кæндзынæн... Буз- ныг, Тотырбег, хатыр... Тотыр, тамако ма дæм ис? Тотырбег (йæ дзыппæй систа тамакойы чыссæ). Табуафси. Къота райста чыссæ, систа дзы гæххæтт, тамако æмæ чыссæ фæстæмæ радта. Тотырбег дæр сдымдта, Къота сдымдта æмæ иуварс ацыдис, цыма арф хъуыдыты аныгъуылд, афтæ, рахиз къухæй дымгæ кæны, галиу къух та йæ синтыл æрæвæрдта, афтæ- мæй йæ рахиз къухæй йæ ронæй наган фелвæста, цæхгæр фæзылдис Тотырбегмæ. Къота. Дæ къухтæ — хæрдмæ! Куыддæр фезмæ- лай, афтæ дæ мæ куыдзы мард ныккæндзынæн. Сыст уæ- лæмæ! 59
Тотырбег сыстадис. Ды мæ хъысмæт æмæ сомбоны уынаффæ дæхимæг райстай, фæлæ ницы кæны, æз дын дæ хъысмæт фæцьь быр кæндзынæн... Дзибыл, ардæм! Д з и б ы л къутæртæй рацыд, йæ къухы наган, афтæмæй. Кæсыс мæ хæстон зонгæ къамандирмæ, нæ размæ йа^ фæндаг фæцæхгæр. Дзибыл, æрысгæрстытæ ма йæ кæн. -Д з и б ы л сгары. Иæ дзыппæй йын систа наган æмæ йæ йæхи- дзыппы нывæрдта, йæ пинджаччы дзыппы — гранат. Цырыхъхъы хъусы дæр æрысгар. Д з и б ы л. Сыгъдæг у. Къота. Цæй, афтæ уал фæуæд... Фæцис Тотырбег дæ лирикон уарзондзинады комеди дæ уарзон уацхæс- сæг Нинæнмæ... Мах уæ ныртæккæ æрлæууын кæндзыс- тæм немыцаг обер-лейтенанты раз, дзуапп ратдзыстут уæ фыдмиты тыххæй. Афтæ уæдæ... Т о т ы р сыл йæхи уыцы иу цæф ныккодта, Къотайæн йæ- дамбаца фссхъиудта иуварс, йæхæдæг Тотырбеджы цæфæй фæхъил. Д з и б ы л м æ фæзылд. Дзибыл лидзæг фæцис. Тотырбеджы æр- бахста Дзибыл... Къота. Цæв æй, Дзибыл, цæв æй! Дзибыл æй ноджыдæр æрбахста, Тотыр фæцæф... Фæстæмæ фæзыл- дис Дзибылмæ, басырдта йæ къутæрмæ, уый та йæ æрбахста, То- тырбег уæззау цæф фæцис, йæ тæвдæй йæхи æнгузмæ баппæрста... Къота ссардта йæ дамбаца æмæ фæд-фæдыл æртæ цæфы ныккод- та Тотырбеджы. Тотырбег æрхаудта. Къота æмæ Дзибыл æм кæ- сынц дардæй... Къота. Дзибыл, байхъус ма йæм, ацы хъамылы хуытæ æрæгмæ фæмæлынц.. Д з и б ы л (исдуг æм нæ уæндыдис, стæй Тотыры риуыл йæ сæр æрæвæрдта). Фæцис. 60
Къота (йæ былты туг ацъиры æмæ йæ ату кæны).- Фæтагъд кодтам, удыгасæй йæ фæхæццæ кæнын хъуыд. обер-лейтенантмæ... Ацы уæныг æмæ дыгæрдыджы тых- хæй æнæхъæн дыууæ къуырийы цуан кодтон... Дзибыл. Уæдæ, Къота, куыд кæсын, афтæмæй обер-лейтснантæй нæ лæвæрттæ æрбайсæфтысты... Къота (арф ныуулæфыд). Æвæццæгæн... Уæвгæ ницы кæны, уæртæ нын йæ бæсты уыцы хъуг истытæ ра- лæхурдзæн коменданты раз. (Йæ дзых та тугæй айдзаг æмæ та йæ ату кодта.) Д з и б ы л. Нæ мæ бауырныдтаид, Нинæ партизан- тимæ баст у, уый, обер-лейтенант æй цух нæ уагъта, йæ хæдзармæ дæр-иу йæхæдæг бахæццæ кодта, алы" изæр дæр... Ныр уый куы базона... Къота. Æз раджы бафиппаидтон, Нинæ цавæр маргъы мыггаг у, уый, фæлæ йæ цæмæй бæлвырддæр базыдтаин, ууыл архайдтон... Цæугæ, ракæн æй, райхал ын йæ къухтæ, йæ къæхтæ, ныр никуыдæмуал алидз- дзæн. Д з и б ы л ацыд, К ъ о т а хидмæ бацыд æмæ хиды хъусыл йæхи æруагъта æмæ йæ дæндæгты туг донмæ чъыртт кæны. Н и н æ й ы куы ауыдта, къутæртæй^рацæуы’, |уый], уæд барарыд: «Дзæбидыры сæныкк цъитийыл баззад, ой. Нинæ, дæ судзгæ уарзон тугæрхæмттæй уæлгоммæ аззад, уæй уæ- рæйлæ, гъей!» Н и н æ (къутæртæй разгъордта æнгуз бæласмæ, То- тыры куы ауыдта, уæд бæласыл хæцгæйæ дæлæмæ æр- бырæгау кодта, йæ зонгуытыл æм бабырыдис). Тотыр, цы дын бакодтой хъæддаг сырдтæ! (Йæ сæр ын йæ хъæбысмæ систа æмæ йæ йæ къухæй сæрфгæйæ дзына- зы.) Къота (сындæггай зары). Цæй, æгъгъæд ын фæ- уæд, обер-лейтенант махмæ æнхъæлмæ кæсы. Д з и б ы л (схæцыдис Нинæйыл). Сыст уæлæмæ,- дæумæ дзурын æз! 61
Къота. Цæй, цы йæм кæсыс, сис æй! Д з и б ы л æм тызмæг фæлæбурдта. Н и н æ сыстад. Н и н æ. Лæджыфыдхортæ, уæйгæнджытæ! Дзибыл (баппæрста йæм йæ тыхтон). Гъæй кæн гъеыыр, цæугæ сис дæ бызгъуыртæ æмæ сæпп кæн. Н и н æ систа йæ тыхтон æмæ йæ йæ риумæ нылхъывта. Къота (йæ разы æрлæууыд). Цæй, куыд? Фæцис дæ лирикон цард Тотырбегимæ, и? Цæуылнæ исты дзу- рыс? Уæд та нæ фæрсгæ бакæн, кæдæм дæ кæнæм, уы- мæй? Н и н æ. Мæнæн ницы дзуринаг ис уемæ. Къота. Иицы кæны, дæ дыккаг уарзон—обер-лей- тенант — дæ сдзурын кæндзæн. Къота Нинæйы разæй цæуы йæ къухтæ йæ синтыл æвæрд, афтæмæй заргæ, Д з и б ы л та Нинæйы фæстæ. Куыддæр хиды бæрæг астæумæ бахæццæ сты, афтæ Нинæ йæ кофтæйæ фелвæста Вальтер, цæхгæр фæзылди Дзибылмæ æмæ йыл æй дыууæ хатты ’ныццавта. Дзибыл æрхаудта, Къота куыддæр фæзылдис, афтæ джи- хæй аззад, йæ дзыпмæ фæлæбурдта... Н и н æ. Байрæджы кодтай, тугдзых! (Вальтеры нæмгуытæ йыл иууылдæр банымадта. Къота ма хиды хъусыл фæхæцыдис, стæй хидмæ æрхаудта. Нинæ Къо- тайы дзыпп асгæрста, наган дзы систа æмæ йæ йæ тых- тоны авæрдта. Дзыбылы дзыппæй — Тотырбеджы дам- •баца æмæ Дзибылæн йæхи наган, стæй ноджы гранаттæ ^систа æмæ сæ йæ тыхтоны авæрдта. Къота æмæ Дзибы- лы мæрдтæ хидæй донмæ ныппæрста... Фæстæмæ То- тырмæ базгъордта.) О, Тотыр, дæ уарзондзинад мын ме,'уæнгты бауагъта стыр ныфс, хъару. Райстон дын дæ туг. Фæлæ ма дын мæ сусæг ныхас куыд бамбарын кæ- нон, раздæр дын æй цæуылнæ загътон. Зон, зон, Тотыр, дæ номыл цы гуырд рацæуа, уыимæ дын дæ кады тыры- 62
са намысджынæй хæсдзыстæм, дæ сæр нывондæн кæ& сæраппонд æрхастай, уыцы адæмы ’хсæн... Фæталынг. Ногæй фæрухс. Архайд цæуы хиды бæрæг астæу. Дзодзæбе æмæ 3 æ л д а* хиды астæу лæууынц иуцасдæр æнæсдзургæйæ. Дзодзæбе. ’Ахæм диссаджы миты фæстæ... Уый- бæрц хъару разынæд сылгоймагмæ... Уый аргъæутты мысинаг куы у. (Фæсабыр та сты иуцасдæр.) Нинæйыл немыц дæр нæ фæгуырысхо сты? Зæлда. Обер-лейтенант бирæ фæагуырдта, фæра- фæрс-бафæрс кодта, фæлæ нæ рабæрæг ис, иуæн дæрг йæ фæсонæрхæджы не ’рцыдис, Нинæйы къухæй мард кæй æрцыдысты Къота æмæ Дзибыл, уый. Партизантæ, дам, сæ амардтой æмæ ууыл ахицæн. Дзодзæбе. Тотырбеджы мард та цы фæцис? 3 æ л д а. Нинæ йæ маст куы райста, уæд хъалагъу- ры бæхыл абадтис æмæ Санибамæ... Дзодзæбе. Хатыр, Зæлда, уæд Санибамæ та цæ- мæн? Зæлда. Партизантæн сæ бынат уым уыдис, хохы Санибайы. Куыддæр схæццæ, афтæ сын рахабар кодта Тотырбеджы фæмарды тыххæй, йæхæдæг сæ Тотыры маст кæй.райста, уыдон дæр сын радзырдта. Æхсæвы фæфæдис сты, Нинæ дæр семæ æмæ Тотырбеджы слас- той æмæ йæ æмбисæхсæв баныгæдтой Хъобаны... Дзодзæбе. Нинæ æмæ Тотырбег бинонтæ кæйг уыдысты, уый сын, æвæццæгæн, рахабар кодтаид Нинæ? 3 æ"л д а. Уыдон иууылдæр фæдзырдта уый фæстæ сæ парторгæн... Дзодзæбе. Стæй уый фæстæ та, уый фæстæ? 3 æ л д а. Уый фæстæ? (Зæлда бахудтис.) Стæй уый фæстæ Нинæйæн райгуырдис чызг 1943 азы 20 фев- ралы. Уыцы чызг уыдтæп æз. Нинæмæ æгас хъæу сæ чъылдымтæ фездæхтой, йæ сывæллоны райгуырды фæс- тæ бынтон хионæй-æцæгæлонæй — се ’ппæт дæр. Нинæ 63
партизантимæ ноджы тынгдæр баст æрцыд, куыста не- лшцмæ. Рухс æрхуыссыдис. Уысмы фæстæ ныррухс и сценæ. Н и н æ æнгуз бæласы бын къодахыл бады, йæ хъæбысы йæ сывæллон хъæццулы тыхт, афтæмæй. А г у ы б е (фæзындис хæстон дарæсы, йæ риуыл ор- <)ен, майдантæ, йе уæхсджытыл сержанты пъагæттæ). Дæ бон хорз, Иинæ... Нинæ (фестадис). Æгас цæуай, Агуыбе. (Цинтæ мыл кæны.) Сбад æмæ исты хабæрттæ ракæн. (Нинæ скуыдта). А г у ы б е. Нæ хъæуы, нæ хъæуы, фидар лæууынæй хуыздæр ницы ис... Хатыр, Ниыæ, æрæгмæ дæм кæй æр- бацыдтæн, уый тыххæй. Æрмæст мæ æртæ боны рауагъ- той.. Мæ мады ’фсымæр фæмард фронты, Хъæдгæроны цæрынц æмæ уыдонмæ ныууадтæн, нырма гъеныр схæц- цæ дæн, Уæхимæ бауадтæн æмæ мын Госæ афтæ, ныр- тæккæ, дам, йæ сывæллонимæ æнгузы ’рдæм ацыдис... Цон, зæгъын, фенон æй. Райсом фæстæмæ цæуын. Н и н æ. Афтæ тагъд? А г у ы б е. Госпитæлæй æрæджы рацыдтæн — дæ ’фыстæг дын райстон, тынг фæмаст кодтон Тотырыл, фæ- лæ цы чындæуа... Иинæ, мæ зынаргъ хо, стыр хъару равдыстай... Дæ хæс сæххæст кодтай, уыцы стыр хъуыд- даг рочтопд никуы уыдзæн Ирыстонæй дæр, нæ паддза- хадæй дгер. Мæхи хо Нинæ, адæмы ныхæстæм ма хъус, дæ куьтст кæн, стæй уыдзæн ахæм бон, æмæ се ’ппæт „дæр базойдзысты рæстдзинад. Зæгъ-ма: мæн йеддæмæ ма исчи зоны, уыцы дыууæ куыдзы ды кæй ныммард- тай, уый? Н и н æ. Партизантæ, æндæр ничи. Агуыбс. Уымæй хорз бакодтай, уыцы сахат кæй ’фæхабар колтай партизантæм... Гъеныр дзурæнт æвзæр æвзæгтæ, цас сæ фæнды, уыйбæрц дæр. Æз æй, мæхæ- дæг хорз зонын, ды дæ сæрмæ худинаг ми кæй никуы 64
æрхæсдзынæ... Стæй сымах Тотыримæ кæрæдзийы цы рæсугъд уарзт кодтат, уый фæзминаг’ куы у æгас Ирыс- тоны фæсивæдæн дæр! Н и н æ. Дæ цæрæнбон мын бирæ уæд, Агуыбе. Дæ- уæй хуыздæр мæ ничи бамбардзæн... Мæ сывæллоны фыд у Тотырбег, æз Тотырбеджы цæсгом никуыфæчъи- зи кодтон, йæ удыгасæй дæр æмæ йæ мæлæты фæстæ дæр. (Ныккуыдта æргомæй.) А г у ы б е. Мæ зынаргъ Нинæ, зонын æй, ма тыхс, дæхи ма ’фхæр. (Сывæллон райхъал.) Æри-ма йæ ар- дæм. Н и н æ радта сывæллоны. Мæнæ диссаг, цæрмæстыгъд бакодта Тотырбеджы. (Хъазы дзы.) Кс-с-с. (Бахудтис.) Кæс-ма, куыд хъæл- дзæг у... Н и н æ. Кæуын нæ зоны, хъæлдзæг сывæллон у Зæла... А г у ы б е. Зæла та йыл цæмæн сæвæрдтай? Н и н æ. Уый йæ цыбырæй схуыдтой Зæла, æнæуи та хуыйны Зæлда. А г у ы б е. Цæмæн? Н и н æ. Тотырбег тынг фæлмæн, хæларзæрдæйы хи- цау уыд» уый тыххæй йыл сæвæрдтон Зæлда. Зæрдæда- рынæн. А г у ы б е. Хæрзаудæн ыл кæнæд йæ хъæбулыл — Зæлдайыл... Æнæуи дæхæдæг куыд дæ? Н и н æ. Мæ зæрдæ мæ хъыгдары... Агуыбе. Стæй дæ куыниæ хъыгдара, ды цы бав- зæрстай æмæ цы тохы бацыдтæ, цы хъару равдыстай, уый фæстæ. Уый бирæ нæлгоймагæн нæ бантысдзæн... Н и н æ. Уæртæ Нана дæр æрбацæуы. А г у ы б е сыстадис, Н и н æ сывæллон райста. Сопи (тыххæй йæхи хъæлдзæг дары). Алыбон æгас цæуай, мæ хъæбул, Агуыбе. (Ныхъхъæбыс æй код- та.)... 3 Лавео Мæхъиты *5
А гу ы б е. Æнæниз у, Нана, ды дæр, æмæ дын Хуы- цау дæ зæрдæ срухс кæнæд. (Агуыбе йæ цæссыг нал баурæдта.) С о п и. Цы бакæнæм, фæразын хъæуы... Æндæр- хуыздæр гæнæн нал ис... Уыцы уысм райхъуыст Левитаны хъæлæс. «Дыууæ мæйы дæргъы размæ бырсты хæстыты руа- джы Сырх Æфсад уæрæх атыдта фашистон æфсæдты фронт, ныддæрæн кодта знаджы сæдæ дыууæ дивизийы, райста 200 уацайрагæй фылдæр, 1300 сармадзаны æмæ бирæ æндæр техникæ æмæ размæ ацыд 400 километры бæрц. Не ’фсæдтæ бырсынц размæ дарддæр... Арфæ кæ- нын, Сталинграды цур гитлерон æфсæдты чи ныддæрæк кодта, Ленинграды блокадæ чи атыдта æмæ немыцаг лæбурджытæй горæттæ чи байста — Кантемировка, Миллерово, Старопольск, Котельникова, Змовники, Эли- ста, Сальск, Налцыкк, Минводы, Пятигорск, Стъарапол, Армавир, Воронеж æмæ бирæ æндæр горæттæ æмæ хъæутæ чи ссæрибар кодта, уыцы æхсарджын æФсæтгы командыгæнджытæн. Сæйраг командыгæнæг И. Ста- лин». С о п и. Хъусут, хъусут, хорз адæм. - Фыдбон æмæг дам, фыдлæг бирæ нæ хæссынц... Тугдзых бирæгътæ- фæрсксастæй фæстæмæ лидзынц... Æрхуыссыд цырагъ. Уыцы уысм сценæ ногæй ныррухс и. Дзодзæбе æмæ 3 æ л д а æнгуз бæласы раз. Зæлда. УДом, Дзодзæбе, гъеныр мах дæр. Д з о д з æ б е. Абадæм ма иучысьтл. 3 æ л д а. Афон у, Дзодзæбе... Æз абон цæугæ кæ- нын. Дзодзæбе. Абон? 3 æ л д а. Фæцис мæ фембæлд скъоладзаутимæ... Цæй уæдæ, хæрзбон зæгъæм кæрæдзийæн. 66;
Дзодзæбе (ныуулзефыд). Ныртæккæ, Зæлда... Æз дæ афæидараст кæнон, Зæлда? Зæлда (йæ сæр батылдта, ома, нæ хъæуы). Уадз æмæ мах фембæлдæн дæр æвдисæн уа æнгуз бæлас. Дзодзæбс. Зæлда, ныххатыр мын кæн мæ æв- зонг бонты æнæрхъуыды митæ. Зæлда. Цытæ дзурыс, Дзодзæбе, æз мæхæдæг куы уыдтæн аххосджын, афардæг дæн, хæрзбон дын нæ загътон, афтæмæй. Дзодзæбе. Стыр бузныг дын зæгъын, Зæлда, æппæты фыцоаг уый тыххæй æмæ кæй æрцыдтæ - нæ рæзгæ фæсивæдмæ. Дыккагæй та, де ’рдхæрæны дисса- джы мад æмæ фыды тыххæй цы диссаджы таурæгъ фæ- кодтай, уый тыххæй... Æртыккагæй та... Нæзонын, куыд дын æй зæгъон, Зæлда... Зæла, о, цас рæсугъд фæлмæн зарæджы мыртæй мын айдзаг кодтай мæ зæрдæ дæ рæ- сугъд амондджын уынаффæтæй. Мæ сæууон дидинæг, Зæла!.. Нæ хорз хæлар Софкæ дзæгъæлы нæ загъта: «Уыцы гыццыл дзабырæй, дам, егъау роман рæзы...» Мæ зынаргъ Зæла, сырæзтис уыцы роман, æмæ æз æмæ ды ленк кæндзыстæм нæ рæсугъд дунейьг... Зæла, де "’рдхæрæны таурæгъæй нæ фæсивæды раз баххæст код- тай дæ хæс... Дæ хæстон таурæгъ дын нæ Ирыстоны театр театрдзауты раз уæлдайджынтæй баххæст кодта «сæ диссаджы арæзт фæлгонцтæй... Зæла, уыцы фæллой- гæнæг адæмæн дыууæ ныхасæй зæрдиаг арфæ куы ра- "кæнис, уый мæ фæнды. Зæлда. Арфæйаг фæуæнт... Дзодзæ, нæ зонын уы- дон аккаг арфæ ракæнын зæрдиагæй, мæ боп куы нæ бауа... Фæлæ сын уæддæр зæрдæбынæй арфæ кæнын нæ ирон театры фæсивæдæн се ’ппæтæи дæр... Ацы таурæ- гъы цы арф рæсугъд фæлгоицтæй баххæст кодтой, уы- мæй... Мæ цæст сын уарзы егъау аивады къæпхæнтæм тсæддæриддæр уæлахизæй куыд хизой... Уæлдай арфæ кæнын нæ Ирыстоны фæллойгæнæг театрдзаутæн! Ацы таурæгъ сывзæрдис Испани æмæ нæ Фыдыбæстæйьг 67
карз тохы хæстытæй. Уæдæй нырмæ рацыдис цыппор» фондз азы. Уыцы уæззау хæсты рæстæджы сæ цард рад- той ссæдз милуан хæстоны сæрибары сæраппонды тых- хæй. Цæй, нырæй фæстæмæ нæ Ирыстон, нæ паддзаха- дыл, æгас дунейыл ахæм амонд уæд æмæ хæсты кой куыннæуал фехъусой! Зындзинæдтæ макуыуал фехъу- сæнт сæ кæстæртæ. Фæллойæн райгуырдысты æмæ фæл- лойхъом уæнт!.. Зæлда. Хъуыды ма кæныс, бæрæгбоны фыццаг хатт куы сæмбæлдыстæм? Дзодзæбе. Тынг дзæбæх ма йæ хъуыды кæнын. Зæлда. Ныр та? (Арф ныуулæфыд. Лæппуйы уæхсчытыл йæ сæр бауагъта æмæ ныккуыдта.) Дзодзæбе. Уый циу? Нæ хъæуы... 3 æ л д а. Æнæхъæн дыууæ азы... Дзодзæбе. Ницы кæны, кæрæдзимæ фысдзыс- тæм, чй зоны æмæ мæ иу мæй нæхимæ рауадзой. Æз ар- хайдзынæн, цæмæй кæрæдзиуыл арæх æмбæлæм... Дзодзæбейы къухы транзистор, транзисторæй хъуысы лириконс зарæг, афтæмæн авансценæмæ рацыдысты, фæаууон сты. Æмбæрзæн
БОРА ÆМÆ КУАРÆЙЫ ХЪЫСМÆТ Æртæархайдон, æхсæзнывон сатирикон опереттæ пролог æмæ эпилогимæ АРХАЙДЖЫТÆ К у а р æ — раззагдæр хъугдуцæг, фæскомцæдисы сæрдар. Дилярæ- звеновод. Б о р а — Куарæйы уарзон. Беджызæ — пенсионер, Бора æмæ Дилярæйы фыд. Б а д з и — Дцлярæйы уарзон, механик. Лазинка — сæудæджергæнæг. X æ м ы т — Куарæйы мады ’фсымæр, совхозы къæбицгæс. Д ж е р и Ч ыз г Фыццаг чызг Дыкаг чызг Æртыккаг чызг Фыццаг лæппу Дыккаг лæппу Райдайы музыкæ, оркестр. Æмбæрзæн байгом. Дардæй зынынц хæхтæ, сæ урс цъуппытæ сын рухс кæны мæй. Фæсивæд заргæ фæ- зынынц къæйттæй, радыгай сценæйы фæстæ фæаууон вæййынц... Аваисценæйы фæзындысты Б о р а æмæ К у а р æ. Æмбæрзæн æрæхгæдта. Б о р а (зары.) Уæларвæй дæм цæхæртæ хауæнт! Нæ зæхх уыдзæн сæ артæй рухсдæр. 69
Куарæ, мæныл дæ зæрдæ баууæнд, Æз æй рæвдаудзынæн æнусмæ. Ку а р æ. Нæй уарзон фæидæгтæн ысбарæн, Уæларвон стъалытæн нымайæн. Æз дын дæ цæстæнгас æмбарын: Нæ зоны хин митæ ’мæ сайын. Б о р а. Зæрин хур мигъты ’хсæн дæр арвæй- Иæхицæн ракъæртт кæны рудзынг Нæ уарзондзинады цъæх артæй Нæ зæхыл ирд цырæгътæ судзы. Ку а р æ. Нæ хъæуы растныхасы хъузон — Фæндаг йæхæдæг дæр ыссæнды, Нæ уарзт ыскæнæм мах æнусон Æмæ йæ ахæссæм бæрзæндты. И у м æ. Нæ хъæуы раст ныхасы хъузон,— Фæндаг йæхæдæг дæр ыссæнды. Нæ уарзт ыскæнæм мах æнусон Æмæ йæ ахæссæм бæрзæндты. Бора. Цæй, Куарæ, хæрзбон зæгъæм кæрæдзийæн. Хорзæй баззай, Куарæ. Ку а р æ. Бора, уæддæр афтæ тагъд- цæмæн фæцæ- уæг дæ? Уæд та... Бора. Нæй мын ныллæууæн. Куо^ынмæ) цæуын. , Ку а р æ (æфсæрмхуыэæй)* Æмæ уæд æз та ’куы^. уыдзынæн дæ фæстæ... Б о р а. Ма тыхс, кæрæдзимæ фысдзыстæм... К у а р æ. Тагъддæр-иу æрыздæх, æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн... 70
Б о р а тагъд-тагъд ацыд. К у а р æ йæ фæдыл кæсгæйæ баззад, стæй ацыд. ФЫЦЦАГ АРХАЙД ФЫЦЦАГ НЫВ Оркестр райдайы рог музыкæйы мыртæй. Байгом æмбæрзæн. Раззаг пъланыл — Беджызæйы агуыридурæй амад хæдзар. Зыны къæлидоры æрдæг. Хæрз аив кæрт, кæрты бæрæг астæу стыр æнгуз бæлас, йæ быны бандон. Кæртæй зыны цæхæрадон, алыхуызон ди- динджытæ дзы. Кæртæй уынгмæ кулдуар, Цæхæрадоны зыны Д и- л я р æ, гыццыл стъолы уæлхъус бады æмæ кæсæнмæ кæсьг, йæхи дзæбæхтæ кæны. Иæ сæрбæттæн æнæвдæлон баст акодта æмæ за- ры. Б е д ж ы з æ хæдзары дуарæй ракаст йæхинымæр хъуыр-хъуыр кæны. Беджы’з æ,/ Рæстæг æм æнхъæлмæ нæ| кæсы, уый та ма заргæ кæны. Бамбарын кæнын ын хъæуыь $Йах цурмæ бацыд.) Д и л я р æ (зары). Денджызы хъазтæ куы ’рбаленк кæнынц, ой, Куы нæ дзы вæййы бæлоны хуызæн, Иры фæсивæд куы ’рбамбырд вæййынц, ей, Куы нæ дзы вæййы мæноны хуызæн. Б е д ж ы з æ. Цæй, цæуыл зарыс сæумæрайсом.- Дæ куыстмæ нæ цæуыс? Афон у. Дидя,р,æ. Мæ куькУгы/гыххæй дæ( сæр ма риссын кæн. Мæ фыды хъуыддаг кæм нæ уа, уым йæхиуыл хæ- цын зонæд, Б е д ж ы з æ. Дæ фыды та ахуыр кæныс? Д и л я р æ. Æнахуыргонд фыды ахуыр кæнын хъæ- уы. Б е д ж ы з æ. Æз дын ахæм дзуаппы тыххæй цы ба- кæндзынæн, уый зоныс?.. 71
Д и л я р æ. Дæхицæн ма фыдæбон кæн! Б е д ж ы з;æ. Кæмæй фæдæ ахæм къæйных, зрегъ- ма? Дæ мад мæм фæстæмæ иу ныхас никуы скодта. Д и л я р æ. Æвæццæгæн, афтæмæй райгуырд. Ныр- тæккæ ахæм заман нал у.* Бафæраз... Б е д ж ы з æ. Уæдæ мæ къухтæ сдарон. Дилярæ. Куы бахъæуа, уæд... Цæй, хорзæй баз- зай. Тæхуды, дæуæй фервæз. Ой, рирæ, уæрæйдæ, рирæ, ой/ (Заргæ афардæг.) БеджЫзæ. Тфу! (Йæ цæсгом сæрфы къухмæрэæ- нæй). Ардыгæй сихорафонмæ цæрæн ис æнцад-æнцойæ. (Базылд хæдзармæ. Æрбайхъуыст автомашинæйы уа- сын. Кулдуарæй æрбазынд ног «Волгæ»). Б е д ж ы з æ. А-а, æрбахæццæ дæ? Б а д з и. Сæрмагонд ног «Волгæ» у дæ лæггадгæ- нæг. Æрмæст тагъддæр, абон хъуамæ куысты афоныл уон. Беджызæ. Дилярæ мæ бафæстиат кодта. Нырма гъеныр ацыд. (Дæтты йæм чыргъæдтæ.) Хæц, æз ма кæсагæмæ æйчытæ радавон. Б а д з и. Рæвдздæр. (Чыргъæдтæ æвæры маши- нæйы. Беджызæ ма æйчытæ æмæ кæсаг рахаста.) Б ед ж ы з æ. Мæнæ сырх кæсаг. Знон мæм æй ЭДа- хачкалайæ æрбахæццæ кодтой. Иæ кило фондз сомы. Бадзи. Йæ аргъимæ мæн ницы хъуыддаг ис. Беджызæ. Тынг раст загътай. Дæ синтæ куы нæ фæрыстысты, мыййаг, йæ ахсынæй. Мæнæ ам æйчытæ. Дзæбæх скъæр. Быламыхъ сæ ма фестын кæн. Б а д з и сæ æвæры. Сæхгæдта йæ багажник. Дилярæ! Фæстæмæ йæ цы хæйрæджытæ æрбахастой. Æрбацæуы. Б а д з и багажник æргуыпп кодта, йæхæдæг тагъдгомау маши- нæйы капот фегом кодта, йæ сæр арф нытътъыста, цыма дзы исты цалцæг кæны, уыйау. Беджызæ, кæсаг йæ къухы, афтæмæй 72-
хæдзармæ балыгъд. Æрбацыд Д и л я р æ, Бадзийы куы ауыдта, уæд йæ сæр батылдта, бацыд æм. Д и л я р æ. Гъей, сахъхъ гуырд! Б а д з и (цыма йæ нæ хъусы, уыйау йæхицæн зары. Æвиппайды). Кæцы дæ, кæ?.. А-а, Диля. Æрбацыдтæ уæдæ... Д и л я р æ. Цæй? Б а д з и. Омæ цы зæгъинаг дæ? Д и л я р æ. Уæддæр та галиуырдæм? Бадзи. Нæ... уый афтæ... Д и л я р æ. Уый дзы афтæ, стæй та афтæ, бæрæг у! Б а д з и. Нæ, Диля. Мæн фæндыди дæу фенын æмæ .уый тыххæй... Рагæй дæ нал федтон æмæ... Д и л я р æ. Ма сай! Бадзи. Нæ сайын. Дзуæртты ардыстæн. (Йæхи- уыл дзуæрттæ æфтауы.) Д и л я р æ. Раст нæу. Мæнгард ныхас куы фæкæ- ныс, уæд дæ цæстытыл бæрæг вæййы. Дыууæрдæм дыц рабыр-бабыр кæнын байдайынц. Б а д з и. Фыццаг хатт хъусын, цæстытæ рабыр-ба- быр кæнынц... Д и л я р æ. Æгъгъæд дын фæуæд! Хъазын хъазын у, фæлæ ды мæнæ ацы хæдтулгæ къодахæй бынтон сæр- ра дæ, æмæ ма дын мæ фыд дæр аххуыс кæны... алыбон спекуляци кæнынмæ. Йæ хæдивæгæй агæпп ластай! Бадзи. Ды йæ хорз куы зоныс: æз дзы хæс да- рын. Д и л я р æ. Зонын æй. Дæ машинæйы къодахы тых- хæй дзы ныххæсджын дæ, хъусгæ дæр никæмæ бакод- тай, афтæмæй. Б а д з и. Раст дæ, фæлæ йын распискæ радтон æмæ йын тагъд рæстæгмæ йе ’хца куы нæ сæмбæлын кæнон, уæд машинæ айсдзæн æмæ — капут... Д и л я р æ. Гъемæ йæ айсæ:д. Кæй хъæуы гъе уыцы 73
цæлхытылтæхæг æхсынкъ. Уæлæрвты тæхын райдыдта, мæ цæстыты сындз фестадтæ. Б а д з и. Цæй, нæ хъæуы Диля! Дæлæ ныккæс. Машинæйы ницы ис. Д и л я р æ (машинæйы багажник фегом кодта. Ну- рыты чыргъæд фелвæста æмæ Бадзимæ комкоммæ кæ- сы. Бадзи сагъдауæй аззад, чыргъæд фæстæмæ ныббæр- ста). Ехх, Бадзи, Бадзырыхъо, дæу дзæбæх бацæгъд, уæд дæ бирæ бырон æркæлид. Б а д з и. Фæлæуу-ма... Алчи мæн куы райдайа цæгъ- дын. ’ Дилярæ. Уый мæн хоныс алчи? Цæй хорз! (Цæ- уынмæ хъавы.) Ды æцæг æдзæсгом куы дæ, амæй фæс- тæмæ дæ мæ иæст ам куыннæуал фена, афтæ. Бадзи. Диля!.. Мæ зынаргъ! Æрсабыр у... .Хорз, хорз. Дæу куыд бафæнда, афтæ уыдзæн. Ард дын хæ- рын мæ судзгæ уарзондзинадæй. Д и л я р æ. Цал æмæ цал хатты фехъуыстон дæуæй уыцы ныхас! М у з ы к æ. Д и л я р æ (зары.) Бадзи, мæ фæид зæгъьш дæуæн: Дзæбæх ысты дæ уынд, дæ конд. Фæлæ мæ цæсты сындз мæнæн Кæй фестыс арæх» уый дæр зон! Б а д з и (зары.) Нæ дæ æнæ азым ды дæр: Кæныс æппынæдзух дæр хыл. Куы уа хæлар адæм фылдæр, Уæд амонд нал цæудзæн зæххыл. И у м æ. Куы уа хæлар адæм фылдæр, Уæд амонд нал цæудзæн зæххыл. 74'
Куы нæ фæкæны лæг хылтæ, Фæнды йæ маргъау уæд тæхын. Д и л я р æ. Мæ зæрдæ сагъæсæй нæрсы, Æгæр ныссуйтæ дæн, æгæр. Цы кæнон, уымæй дæ фæрсын. Кæм ма бамбæхсон, кæм, мæ сæр? Б а д з и. Цы кæнай, уарз мæ, уарз фылдæр, Мæхимæ райсдзынæн дæ зын. Мæ бæдул, уарз мæ уарз фылдæр. Æмæ мæ тавдзæн хур хуыздæр. И у м æ. Мæхимæ райсдзынæн дæ зын, Æмæ мæ тавдзæн хур хуыздæр. Фæзын мæм уарзты тых, фæзын! Æмæ уон амондджын æз дæр. Б а д з и. Рæсугъд фæндæгтæ хонынц мах, Æрфæныфæдау сты бæлвырд. Нæ цард кæй баиу уыдзæн тагъд Гъе уый тыххæй мын ратт ныр дзырд. Д и л я р æ. Æууæнкæй дзуапп нырма дæуæй) Нæма райстон лæварæн æз. Нæй исæн амондæн тыхæй Цæуы уый зæрдæйæ æрмæст. И у м æ. Нæй исæн амондæн тыхæй, Цæуы уый зæрдæйæ æрмæст 75
Цæры лæг амонды тыххæй Æмæ дзы хъуамæ уа æфсæст. Ацыдысты. Фæзыны Б е д ж ы з æ. Б е д ж ы з æ. Æнхъæлдæн, ацыдысты, Пуй! Маши- иæ нырма ам куы ис! Хæйрæджы амæттаг фæуинаг. (Иæхи хъахъхъæнгæйæ.) Дилярæ, мæ дзыкъына! (Ра- кæс-бакæс кæны.) Цы дæлимонты хай фесты! (Хъæ- рæй.) Дилярæ! Д и л я р æ Бадзийы размæ асхойы. Бадзи, кæм дæ, кæ? Д и л я р æ (сусæгæй). Дзуапп ын ратт! Хъусыс, дзуапп ратт. Б а д з и. Æз... Æз ам дæн... (Дилярæ йæ размæ асхойы.) Беджызæ. Дæхи, мыййаг, уазал кæныс? Цæуын хъæуы. Афон у. Айс мæнæ кæсаг æмæ мæнæргъыты чыр- гъæд. Б а д з и йын æмбары’н кæны, иунæг кæД нæу, уый,1 Дæ хæмхудтæ цы зылын-мылынтæ кæныс. Дæ дæн- дæгтæ риссынц, мыййаг? (Размæ рацыд æмæ ауыдта Дилярæйы.) Гъм... гъм... Д и л я р æ. Цы, не ’ихъæлмæ кастæ? Б е д ж ы з æ. Раст дæ. Д и л я р æ. Æз кастæн æнхъæлмæ æмæ уый тыххæй раздæхтæн фæстæмæ. Куы раздæхай фæстæмæ, уæд æн- хъæлмæ кæс æнамонд хабармæ. (Бадзийæн.) Байхъус- ма, æмбал совхозы механик; дæу дæр æмæ дæ машинæ дæр ам куыннæуал фенон, афтæ. (Йæ фыдмæ.)' Демæ та, мæ фыдыхай, æз хицæнæй аныхас кæндзынæн. Дæ мæнæргъытæ та нæ чызджытæн бабæздзысты. (Фелвæ- ста чыргъæд.) Б е д ж ы з æ (архайы мæнæргъыты чыргъæд фæстæ- мæ байсыныл). Æри мæнæргъытæ! 76
Д и л я р æ (нæ сæ дæтты). Уыдон мæнæргъытæ не <ггы. Мæнæргъытæ дын æз ратдзынæн фæстæдæр. (Аз- «гъордта æд чыргъæд.) Беджызæ. Ту! Дзурын мæ куыннæ бауагъта. Цьв •сарæзтон æвзæрæй? Мæнмæ ис куысты стаж æнæхъæн дыууиссæдз азы. Уæлдæйттæ’й. Бадз}И/ Гъе, уый тыххæй дын ис л«знси уæлдай^ джынтæй. Цы ма дæ хъæуы. Беджызæ. О, фæлæ æз нырма нæма æрызгъæлд- тæн. Гъе уый тыххæй ма мæ фæнды мæ зæронд бонты .акусын мæхицæн. Б а д з и бангом кодта ба^гажник æмæ; æвдаэдон кæны уæй^æни- нæгтæ. Ома цы зæгъинаг дæ уымæй? Б а д з,и. Гъе уый. Хъуамæ дын фехъусын кæнон, æм- бал Бедж’ызæ Тепсарыхъойы фырт, о уый æмæ дæу тых- х’æй мæ биографи нал сафдзынæн. Æгъгъæд фæуæд абонæй фæстæмæ. Б е д ж ы з æ. Ома, уый та куыд? Бадзи. Ома, афтæ! Дæ чызг мын æй хорз бамба- рын кодта. Ома, раздзог^ механикæн демæ иумæйаг;æй ницыуал ис. Амбæ! Б е д ж ы з æ. Гъе амбæйы хицау! Ды мæ чызйжы кой ма кæн. Мемæ ныхас кæныс. Б а д з и. Æз дæ чызджы уарзын æнæхъæн дæс азы, авд мæйы æмæ иу къуыри гыццыл цухæй. Гъе уый дæр стаж у! Б е д ж ы з æ. Гъы, æмæ дæ цы хъæуы? Дæу дæр пенси хъæуы? Б а д з и. Цы мæ хъæуы, уый мæхæдæг зонын. Гъе уæдæ афтæ: абонæй фæстæмæ æз демæ хицæн дæн. Б е д ж ы з æ. Аа-а, афтæ у? (Фелвæста йæ дзыппæй тухгæ æхцадон æмæ дзы агуры.) Багъæц, тагъд ма кæн. Мæ дзыппы дæ. (Æвдисы йæм гæххæтт.) Бадзи. Гъы-гъы’... Цы зæгъынмæ хъавыс уымæй? 77
- Б ;е д ж. Ы’З æ. Дыууæ боны æмгъуыд! дын. Табуаф- си ,амбæйы хицау, дыууæ мины æмæ æрдæг не ’рбахæс- дзынæ — машинæ кæртмæ æрбатулдзынæ! Бамбæрстайг мæ! Бадзи (тынг ныуулæфыд). Цы ’мбарын æй хъæуы. Беджызæ. Фæстæмæ бавгæн уæйгæнинæгтæ æмæ хъым-хъым ма кæн. А дыууæ боны ма иу стыр хъуыдг даг сæххæст кæндзынæ. Иу ранæй иу боцкъа нурыты цæхджын æрласдзынæ. Æрмæст дæ куынничи фена, афтæ. Бадзи. Æмбал Тепсарыхъойы фырт! Сæрмагондæй) дын хъусын кæнын, нурыйы цæхджын боцкъаимæ нæ> хъуыддаг дард кæй иæ ацæудзæн, уый. Дæ дыууæ мины æмæ æрдæг дын тæккæ абон æрбахæсдзынæн. Мæ хæ- дзары фæллой æрбауæй кæидзынæн... уæддæр æз дæуæн хафына æмбал нал уыдзынæн. Æгъгъæд фæуæд! (Аз- гъордта, йæ машинæйыл, абад{т æмæ йфардæг.)[ Беджызæ (йæ фæдыл). Дæхицæй хъæбатыр ма араз! Дæ къæдзилæй дарддæр нæ алидздзынæ! (Хъуыр- хъуыргæнгæйæ æмбырд, кæнЫ йæ уæйгæнинæгтæ.У Фæзынди Б’ о р а, хæрзарæз!г. Бæрæг у куыстæй наз, фæлæ улæф- тæй æрбацыд. Бора. Цпу уый, мæ фыды хай? Цыма тыхст дæ? Мыййаг, дæ кæрчытæ се ’фтуан аивтой? Б с д ж ы з æ. Мæ кæрчытæн ницы у, се ’фтуан дæр сæ бынаты ис. Фа&лæ Бадзи сæрра ис, мæ коммаг) нал кæсы. Б о р а. Нæ дæ æмбарын. Б е д ж ы з æ. Æз дын æй бамбарын кæндзынæн... Æмбал профессор. Дæ сусæгдзинад дын зонын, цы кæ- нынмæ хъавыс, уый дæр, стыр хицауæй куыстай, уый дæр, мын зындгонд у. , Бо.рæ. Цы кæнынмæ хъавыс? Цавæр хицауы кой’ кæныс? Б е д ж ы з æ (йæ риуы дзыппæй систа гæххæтт æмæ 78
йæ кæсы). Мæ къухтæм æрбахауд мæнæ дæ пароль -«дыккаг разряды хæринаггæнæг». Бора. Баба, бахатыр кæн, ахуырмæ нæ бахаудтæн æмæ институты бæсты бацыдтæн кулинарон техникум- мæ æмæ йæ фæдæн, давыны бæсры уый дæр куыст у. Уадз æмæ уыцы сусæгдзинад æрмæст не ’хсæн уæд, уæд та уал фыццаг бонты. Беджызæ. Цалынмæ чындзæхсæв скæнай, уæг- мæ? Раст дæ бамбæрстон, æнхъæлдæн? Б о р æ йæ сæрæй ацамыдта. Гъе уæдæ мах лæвæртты тыххæй аныхас кæндзыс- тæм... Б о р а. Уæддæр та лæвæрттæ? Адæм ныл фæхуд- дзысты. Б е д ж ы,з а& Адæм бирæ сты, ды» та — иу. Чын- дзæхсæв ды кæныс, адæм нæ фæлæ... Б о р а. Æз ын уый тыххæй иу ныхас дæр нæ зæгъ- дзынæн... Беджызæ. Цæй, уæлдай ныхас! Куы нæ хъусай уæдæ дæ фыдмæ... Б о р а. Уæд цы? Б е д ж ы з æ. Уæд ды цæмæй тæрсыс, уыцы сусæг- дзинад раргом кæндзынæн. (Ацыд’.) Бора. Къуымы мæ куыд бакодта. Цæй, ныссабыр \ыдзæн, мæ фыд нæу? Æрмæст дæр ды мемæ у, Куарæ. Никуы уыдтæн афтæ æнхъæл æмæ мæ уарзондзинад .афтæ йæхиуыл æртыхсын кæндзæн. (Зары.) Уарзондзинад диссаг у: Сусæг митæ не ’мбары. Зæрдæ дзы кæд риссаг у Рыст дзы уæддæр не ’нкъары. Уарзæтты йæ рæвдыдæй Цинты фурдмæ ахæссы. 79
Худ^гæ хурау, цæстытæй Рухс дунемæ ракæсьг. Уарзæттæн сæ уадултæ Хурзæринæй сахоры. Царды хæрзтæ агургæ) Йемæ лæджы ахоны. Амонды рæсугъд дæттæ Адæймагæн сауазы, Уарзæтты рухс зæрдæтæй Иунæг зæрдæ саразы. Æрбацыд Л а з и н к а. Лазинка. Дæ райсом хорз уа, мæ хъæбул Бора. Кæм? Куыд? Кæцæй? Бор а. Ды кæм нæ уыдтæ, уыцы ранæй!.. Л а з и н к а. Рæдийыс, мæ хъæбул. Æз кæм нæ уыд- тæн, ахæм ран нал баззад нæ бæстæйы. Ныр дæр та цæуын... Бора. Фæлæуу-ма, Англисмæ ма ассæндай? Л а з и н к а. Англисмæ, базыдтай йæ ме ’дзард хъæ- булыстæн. Иу цалдæр дзырды дæр ацахуыр кодтон... Бора. Уым дæр та — Англисы — фæсивæды хъыс- мæты кой кæндзынæ. Л а з и н к а. Гъæ, бастъæлай, æмæ мæ уæдæ цы фе- рох Аиглисы. Сæ демонстрацийы мæт мæ ис. Ехх, æвæ- дза, хорз нæ зонын æвзæгтæ, уыййеддæмæ... Бо р а. Дæ сæйраг куыст цы у ныртæккæ? Л а з и н к а. Сæрибары лечъыр медицинæйы. (Йæ хызынæй фелвæста банкæ.) Цъулбертæ. Дæхæдæг та кæм кусыс? Цыдæр сæрыстырæй кæсын райдыдтай. Æвæццæгæн. министры бынятмæ фæлæбурдтай. Б о р а. Цымыдис ма у Лазинка. Мæ куыст мæнæн... Фенынмæ уал. (Ацыд.) Лазинка. Кæс ма йæм... сдзырд æм нал ис. Ни- 80
цы кæны, Куарæ дын дæ бецыкк акъæбæлдзыг кæн- дзæн. Уæ хъуыддагæй æнæ мæн ницы рауайдзæн. (Стъолмæ бацыд æмæ кæсæнмæ йæхи дзæбæхтæ кæны. Иæхинымæр зары. Фæзынд Беджызæ. Ауыдта Лазин- кайы, бахъуызыд æм æмæ йын йæ синтæ ахъыдзы код- та, Лазинка фесхъиудта.) Оу, фæтæрсын мæ кодтай. Афтæ уæздан вæййыс дæ уазджытимæ. Мæнæн мæ бон у ацæуын дæр. Бе джызæ. Фæлæуу-ма, хъазæн дæр нал ис æви? Æз ныртæккæ (Рахаста графин.) Æркæнон дын дæхио- нæй? Л а з и н к а. Аууилинаг дæм ницыуал ис? Бе д ж ы з æ. Æххормаг дæ, мæ зæды лæппын? (Ба- уад æмæ рахаста тæбæгъы хæринæгтæ.) Л а з и н к а. Еугæф йæ тæккæ нæуæгæй. Дыдтайы къона, æвæццæгæн та дæ мæ сæр истæмæн бахъуыд, уыййеддæмæ мæ ахуыйæн æндæр вæййы. Б е д ж ы з æ. Хорз хъуыддаджы тыххæй хæлæг ни- цы ис. (Рауагъта.) Л а з и н к а. Раст зæгъыс, мæ цæсты гагуы. Цæйг дæ хъуыддæгтæ дæхи фæндиаг. (Бакъуырцц кодта, анызтой.) Б е д ж ы з æ. Бора мын бамбарын кодта, ус кæй ку- ры, уый тыххæй æмæ ныр мæ сагъæс у: лæп чындзæх- сæв скæндзæн йæ иунæг фыртæн, фæлæ... Фæлæ дæм дæ чындз гаффуттæй куы æрцæуа, уæд уый та у судза- джы мардæрцыд... Л а з и н к а. Уый у ахъуыдыйаг. Раст зæгъгæйæ, Куарæ хорз чызг у. Чындзæн хуыздæр нæ хъæуы, фæ- лæ... æмæ та ноджыдæр фæлæ... Беджызæ. Ой, фæлæуу-ма, фæлæ йæ бæстæ куы байдзаг кодтай. Лазинка. Нæ йæ зоныс фæскомцæдисы сæрдар кæй у, совхозы раззагдæр кусæг... Уыимæ афтæ æнцон дзургæ нæу лæвæртты тыххæй. Б е д ж ы з æ. Ау, ахæм лæппуйы бæрзæйыл куы æр- 81
хæца, уæд ын йæ хæдзармæ исты æрдавын хъæудзæн .æви нæ? Цæй, Лазинка, дæ хъару æмæ дæхæдæг. Ацы хъуыддаг дæ бар фæуæд., Лазинка. Зын уавæры мæ æппарыс, фæлæ ба- цархайдзынæн. Æрмæст хъуыддаг цас зындæр аразæн вæййы, уыйас йæ процент фылдæрмæ сгæпп кæны. Уы- мæ гæсгæ дæс проценты мæхи уыдзысты. Б е д ж ы з æ. Фæлæуу-ма, комиссионный дуканийы; дæр ма авд процентæй фылдæр нæ исынц... Л а з и н к а. Дыттайы къона, æмæ ауай æмæ дæ хъæбулæн комиссионныйы ракур ус... æртæ процентæй. Беджызæ. Фæлæуу-ма, Лазинка, хæлоф ма кæн. Æвиппайды царм стигъæгæй куы агæпп ластай. Æгæр -зынаргъ исыс. Л а з и н к а. Асламæй мæлгæ кæнынц, фæлæ йæ ны- гæнын та зынаргъ у. Фæлæуу-ма, фæлæуу, дæхæдæг ба- зары адæмы царм куы стигъыс де ’мбыд хъæдындзтæй... Базыдтой дæ! Б е д ж ы з æ. Чи мæ базыдта? Л а з и н к а. Вæййынц дзы алы бон дæр цъæх худ- джынтæ. Обыхссæй. Б е д ж ы з æ. Тыс-с-с! Л а з и н к а. Цы, раст нæ зæгъын? Беджызæ. Тыс-с-с. Раст дæ, фæлæ æгæр хъæр ма кæн, адæм нæ алыварс сты. (Фæсусæг кодтой сæ ны- хас.) Лазинка. Адæм хорз сты, фæлæ нæ дыууæйæн ,дæр хуыздæр уыдзæн, адæмæй дарддæр куы уæм, уæд. Уæдæ баныхас кодтам? Б е д ж ы з æ. О, фæлæ дæ фæлæбурд фурды аку- лæйы лæбурдæй уæлдай нæу. Л а з и н к а. Сæ фæхицæн кæныны тыххæй къаддæр исын. Б е д ж ы з æ. Хорз. Уæдæ дзы бацæттæ кæн ном- хыгъд. Мачи дæ ферох уæд. Мæхицæн цытæ хъæуы, уы- дон дæ уæддæр нæ ферох уыдзысты: бухайраг худ, бас- 82
тон хæдон, галифей, цырыхъхъытæ сыгъдæг савройæ. (Беджызæ рауагъта нозт.) Лазинка (акуывта). Лæгтыдзуар, нæ хъуыддæг- тæ нын рæстмæ фæкæн. Б е д ж ы з æ. Оммен! Хуыцау мын дæ сæр ма бай- сæд, уыййеддæмæ хъуыддæгтæ рæстмæ уыдзысты. (Анызта.) Кулдуарæй æрбахызт Д и л я р æ. Д и л я р æ. Уый дæ уæйгæнинæгтæ зæххы куы лæу- уынц нырма. Нал дын бакуымдта цæуын? Гъе уый дын лæг! Л а з и н к а. А-а-а, фæзындтæ. (Иуварсмæ.) Дæ къах фсздыхсæд! (Хъæрæй.) Алыбон æгас нæм цу. Æп- пынæдзухæй дæр дидинæг калыс. (Ныхъхъус сты.) Д и л я р æ. Цы ныххъус стут? Ахæццæ кæнут кæ- ронмæ уæ уынаффæ, уæ таурæгътæ. Л а з и н к а. Цæй таурæгътæ ис махмæ. Цæй, æз цæуын. Рæстæг мын нæй... Д и л я р æ. Хъыгаг у, зæрдиагæй мæ фæндыд дæ- уæн алæгъстæ кæнын. Дзæбæх мойаг мын кæд баца- мыдтаис. Л а з и н к а. Иицы дзы рауайдзæн. Дæ лæджы уæл- хъæдæй ахсындзынæ. Мæп та уый фæстæ дзуапп дæт- тын бахъæудзæн. (Фырмæстæй анызта, зары.) Д и л я р æ. Æз дын дæ зарæг фæцыбырдæр кæн- дзынæн фæстæдæр. Нæ ныхас фæцис! Цом, мæ фыды- хай. (Иæ разæй йæ тæрæгау кæны, йæ фæдыл цæуы æмæ йыл дуар æрæхгæдта!) Л а з и н к а. Цæугæ, цæугæ, Беджызæ. Араз дæ- хъуыддæгтæ. Æз дæр ам дæн. (Зары) Уарзондзинад у тыхд;жын: Басудзы лæджы уый арты. Фæлæ чи нæ уа дзыхджын Й’ амонд не ссардзæн уый царды. 83
Уарзæтты фæндаг — тæссаг, Бауайын дзы хъæуы хидыл. Чи вæййы тæппуд, тæрсаг, Уый мæнмæ æххуысмæ сидьь Се ’ппæтæн дæр дæн æрдхорд, Уарзæттæн та дæн сæ дохтыр, Хорз зонын мæ куыст æз, хорз; Хох дæр бабæтдзынæн хохыл. Чызджытæн у ныр сæ дуг: ’Взарынц лæппутæй къæйныхдæр. Нуазынц сабыртæн сæ туг, Арф сæ ауадзынц сæ ныхтæ. Æз йæ зын сахат лæгæн Баххуыс кæндзынæн уый зонынц. Æмæ та ыссарынц мæн... Æмæ та мæнмæ ызгъорынц. (Акафыд æмæ ацыд.’д Фæзынд Б а д з и. Тынг уæэзау ныуулæфыд). Машинæйы уасæр -тынг нылхъывта, даргъ æй уасын кæны. Цыма стыр фыдбылыз Æрцыд, уыйау хæдзарæй рауад Б е д ж ы з æ. Йæ уæхсчы сæрты ракаст Д и л я р æ. Б е д ж ы з æ. Цæй, цæимæ мæм фæзындтæ? Б а д з и (паузæйы фæстæ). Фæуæлахиз та, дæ, сæв- гæн дæ уæйгæнинæгтæ. Б е д ж ы з æ. Афтæ у, хорз уæд. (Æвæры та кар- зинкæтæ, фæцæуы машинæмæ.) Д и л я р æ. Уый циу? Фæс^гæмæ та асирдтай. Дæу куынæуал фæндыд... Цæхгæр ын нагъ куы загътай... Бадзи (тынг тыхстæй). Цы мæ бон у? Никæмæис æхца. Цыма æмдзырд бакодтой. Цы гæнæн ма мын уыд. (Тыхстхуызæй.) Мæнæн та мæ бон нæу æнæ машинæ. Д и л| я р,æ (йæ фыдæн)\ Уæддæр /та дарддæр! дæ* куыст кæныс? 84
Б е д ж ьгз æ. О, бахатыр кæн, дæу нæ бафарсггон;. (Æвгæны йæ иæйгæнинæгтæ.) Д и л я р æ. Бадзи, фæстаг хатт ма дæ курын! Хорз •ахъуыды кæн! Б а д з и (иу улæфтæй). Мæ бон нæу. Æз æй ахицæн кодтон. Иу сахаты æрдæг мæ машинæ никæмæ ратдзы- нæн. (Багæпп кодта машинæмæ æмæ афардæг.) Беджызæ; Дилярæ-йы фæстæ хæдрармæ, хъуызгæ фæцæй- цыд. Д и л я р æ цæхгæр фæзылд æмæ йæ ауыдта. Д и л я р æ. Æгъа. Хъусыс! Зоныс æй, аххосджын дæ ды! Б е д ж ы з æ. Цавæр аххос? Цытæ лæхурыс? Д и л я р æ. Лæппуйыл архъан баппæрстай æмæ ныр бæндæн дæхимæ ласыс? Ницы дын дзы рауайдзæн мæ удыгасæй. Фæлæуут дыууæйæ дæр. Мæ раз скафдзы- стут. (Азгъордта.) Б е д ж ы з æ. Охх! Куыд фæзæгъынц, нæ ныхас тынг хæлар æмæ уарзон уавæрты нæ ахицæн кодтам. (Рацыд просцснæмæ, йæ фæдыл æрцыд’ дыккаг æмбæрзæн. За- ры.) Дæн æз пенсиисæг ныр, У бынтон æндæр мæ цард. Чызг йæ куыстмæ уайы цырд Фыд та бады ам æнцад. Нал у фидауцджын мæ конд, Ных æнцъылдты бын фæцис. Ныр мæнæн мæ ном —зæронд, Ме ’мбæлццон та сси мæцъис. Нал зоны æфсис мæ цæст, Сдæн чъынды æмæ кæрæф. Ссивын мидæмæ æрмæст, Алцæуыл кæнын хæлæф. 85
М’ астæуы пъæззы ныббатт, Ме ’взонгдзинад уæд кæм ис? Сабитæ зæгъдзысты тагъд: «Зæхмæ хъал бæхæй æрхиз!» Æмбæрзæя ДЫККАГ АРХАЙД Л æ п п у т æ. Сæумæйы мигъ, дам, уазæг у, Æхсæвы мигъ фысым хонынц, гъей! Ч ы з д ж ы т æ. Мæ зæрдæ куы сси уарзæгой Уæдæй æнцой бон нал зоны, гъей! И у м æ. Цы ис сыгъдæгдæр суадонæй, Уый сæрды дæр нæ хус кæны, гъей! Цы ис дзæбæхдæр уарзонæй, Æдзух дзы зæрдæ рухс кæны, гъей! Ч ы з д ж ы т æ. Зынцъары цур — фæхæрдгæнæн, Хъæубæстæн уым — хосгæрдæн, гъей! Л æ п п у т æ. Рæсугъд чызгай мæ зæрдæйæн Дæ цæстæнгас — йæ хосгæнæг, гъей! И у м æ. Цы ис сыгъдæгдæр суадонæй, Уый сæрды дæр нæ хус кæны, гъей! Цы ис дзæбæхдæр уарзонæй Æдзух дзы зæпдæ рухс кæны, гъей! 86
Л æ п п у т æ. Хæххон дæттæн Æрыдон у Сæ уайагдæр, сæ цæрдæгдæр, гъей! Ч ы з д ж ы т æ. Мæнæн хæссын æхсызгон у Мæ зæрдæйы дæ зæрдæ дæр, гъей! И у м æ. Цы ис сыгъдæгдæр суадонæй, Уый сæрды дæр нæ хус кæны, гъей! Цы ис дзæбæхдæр уарзонæй Æдзух дзы зæрдæ рухс кæны, гъей! Ч ы з д ж ы т æ. Дæхицæн хорзæх ма агур, Йæхæдæг дæр дæ ссардзæни, гъей! Л æ п п у т æ. Æндæр искæйы ма агур, Мæ хуызæн дæ нæ уарздзæни, пъей! И у м æ. Цы ис сыгъдæгдæр суадонæй, Уый сæрды дæр нæ хус кæны, гъей! Цы ис дзæбæхдæр уарзонæи Æдзух дзы зæрдæ рухс кæны, гъей! ’Фæзынд X/ æ м ы ц, кæсы’ фæсивæдмæ. Иæ къухы цым лæдзæг, кардæй- йыл уыгæрдтæ. Фыццаг лæппу. Нæ фыдыхай Хæмыц, цым лæ- дзæгимæ куы тезгъо кæныс, цæмæн? Хæм;ыц< Кæсын дæм æмæ хæрæджы йас ныддæ,- уæлдай ныхас дæм — бирæ, æмæ дын, зæгъын, ацы цым лæдзæгæй дæ фæсонтыл булчъытæ куы асадзин, уæд æй базондзынæ. Ф ы ц ц а г л æ п п у, ХуыцауьЦ дзæгъæлы æфхæрьус мæн. Мах нæ сывæллоны бонтæй раджы фæхицæн стæм. X æ м ы ц. Чи зоны, сымах фæхицæн стут, фæлæ^мæ^ лæдзæг—-нæма. Уæвгæ мæ лæдзæгыш дæр æмæ мæда- уыл дæр цæуы иу-дæс æмæ æртиссæдзы. 87
Фыццаг лæппу. Лæдзæгыл уыйбæрц цæуы? Гъе уый дын, гъе! X æ м ы ц. Æз куы райгуырдтæн, уæд æй мæ фыды’ фыд мæ фыдæн балæвар кодха. Ацы’’лæдзæг, дам, сы1 вæллæтты хъомьгл кæнынæн сæйрагдæр у. Ф Ы ц ц а 1> л æ п п у. Гъемæ ма* радзур, куыд дзьц хъомыл кодта сывæллæтты? X æ м ы ц. Хъуыддаг афтæ рауад: уыцы рæстæджы скъолатæ нæ уыди. Дуг бынтон æндæрхуызон уыди. Цу- ма нæ кæныс — сæрæн лæдзæгæй къуырцц æмæ та лæ- дзæгыл—’уыгард. Уæлдай ныхаЬ скод^ай хистæрмæ ^—* лæдзæгæй фæсонтæн къупп æмæ та—уыгард. Афтæ, æр- бакæс-ма, цал уыпарды йыл ис. Гъе уый дын мæ рæстæ- джы скъолайы ахуыргæнæг. Фыццаг лæппу. Мæнæ диссæгтæ, нæ фыдыхай Хæмыц, æппæт ацы уыгæрдты хабæрттæ нын нæ радзу- рис? X æ м ы ц. Дардыл хабæрттæ сты. Фæлтау уын сæ ра- таурæгътæ кæндзынæн. Мæнæ ацы уыгæрдтæй райдай- дзынæн. Æз бауарзтон иу чызджы æмæ мæллæг кæнын райдыдтон. Мæнæ уыцы уыгард та чындзæхсæвы фæс- тæ. Мæнæ сæдæ фæндзай та — хорз мæм кæй зылд, уый тыххæй. Л æ п п у. Цæмæй дæм зылди? X æ м ы ц. Хорз мын хæрын кодта. Стæй фæстæмæ ныззылди иннæрдæм. Мæнæ уыцы уыгард та... О, о. Уый зæрдыл даринаг у. Мæхи мын кæй хордта, уый тыххæй. Мæнæ уый та — кæрæдзи æмбарын куы бай- дыдтам, уæд та хæст райдыдта. Цыбыр дзырдæй, ме ’ппæт цард дæр фыст æрцыд ацы лæдзæгьил. Л æ п п у. Зындгонд лæджы царды чиныг у ацы лæ- дзæг. ( Фыццаг ч ы з г. Кæсут-ма, Бора дидинджыты цу-- палимæ. Иууылдæр акастысты фæндаджы ’рдæм. 88
Д ы к к а г ч ы з г. Нæ фыдыхай Хæмыц, дæ хæрæ- фырт Куарæйы Борайæн нæ дæттыс? X æ м ы ц. Хуыздæр уаид, цал сахаты у, уымæй мæ куы бафæрсис, уæд. Ф ы ц ц а г ч ы з г. Мах дæ æцæг зæрдиагæй фæр- сæм. X æ м ы ц. Цæмæй чындзы ацæуай, уый тыххæй æп- нæты фыццаг хистæримæ аныхас кæнын хъæуы. Æртыккаг чызг. Кæм æрæмбырд кодтай ацы хæмпæлтæ? Бора. Нæ мæ уырны, æппæт уыцы зондджын ны- хæстæ дæхæдæг æрхъуыды кодтай? (Кæсагахсæн æн- гуыры хъил йæ къухы.) Хæмыц. Цæй, К/ьардоны доны бирæ кæсаг æр- цахстай? Б о р а. Æмæ гъа. Иу гыццыл. X æ м ы ц. Арæх дзы нæу. Фæлæ мæм афтæ кæсы, дæ зæрдæ, цыма, æндæр кæсагмæ æхсайы. Чызджытæ асусу-бусу кодтой. (Зарынц.) Диссæгтæ æмæ царциатæ,— Бахаудысты хызы махуæттæ. Нæ хуыздæр æмгар Куарæйæн Иæ хызы Бора бахаудта. Бора. Стыр бузныг уе ’рхъуыдыйæ, фæлæ мæн ныртæккæ не ’ндавы уæ зард. X æ м ы ц. Æз сын цал хатты загътон, æцитт арды- гæй, зæгъгæ! Иууылдæр) ныххудтысты æмас! адырдæм фæлыгъдысты. Гъе афтæ! Бора, ардæм рацу æмæ æнæфсармæй дзуапп ратт комкоммæ: тынг бирæ уарзыс Куарæйы? Æз æй хъуамæ зонон. Бора. Хатыр ме ’ргом ныхасæй. Сæумæрайсомæй 89
кзæрмæ ууыл фæхъуыды кæнын.* Изæрæй райсоммæ та мæ хуыссæг нæ ахсы. X æ м ы ц. Куыд дæм байхъуыстон, афтæмæй дæм ис æцæг уарзондзинад, фæлæ дæ зæрдыл дар кæддæрид- дæр — искуы дæу тыххæй Куарæ йæ цæссыг æркалд- та — мæ лæдзæг дæ царды хабæрттæ фыссынмæ фæлæ- бурдзæн. Зоныс æй, мæнæн чи у, уый? Бора. Зонын æй, ды йæ мады æфсымæр дæ, ды йæ схоъмыл кодтай мæгуыр сидзæр чызджы, йæ мад дæр ды æмæ йæ фыд дæр. Куарæ мын сæ иууылдæр фæ- дзырдта. Æппæт дæр мын æмбæргстгонд у. X æ м ы ц. Гъе уæдæ дæ зæрдыл бадар, æз фыдæл- тыккон зæронд лæг дæн, æз дæр уæ карæй уарзтон æмæ уæ æмбарын, æрмæст рæсугъд æгъдауæй — табуафси. Фæндараст ут уæ царды фæндагыл, уæлахизтæм, бам- бæрстай мæ? Б о р а. Бамбæрстон. X æ м ы ц. Кæд дын æмбæрстгонд у, уæд цæугæ æмæ æрцахс дæ сызгъæрин кæсаджы. Æрмæст тæрсын, æмæ уын хибарæй аныхас кæнынæй ницы рауайдзæн. Улæф- ты сахат у чызджытæн. Б о р а. Æз æм банхъæлмæ кæсдзынæн. X æ м ы ц. Æрмæст дæ ма ферох уæд мæ лæдзæг. Дæ зæрдыл æй дар. Иæ фæдыл кæсгæйæ баззад, ныуулæфыд, ацыд. Фæзыкд К у а р æ» сындæггай цæуы арф хъуыдытæгæнгæ. Раздæр мæм цырагъы рухсау разындтæ, Уый фæстæ дæ хурыл барын байдыдтон. Загътай мын ныллæг хъæлæсæй «уарзын дæ», Дунейыл æй арвы нæрдау байтыдтон. Уыд кæддæр мæ цин æрмæстдæр риуы дзаг, Ныр йæхи æнæхъæн зæххыл айвæзта. Знон дæр ма уыдис мæ зарæг риуы фаг. Ныр йæхицæн стыр фæндæгтæ айгæрста. 90
Норст цæхæртæ дардтон æз мæ цæстыты, Пиллон артæй ныр æддæмæ ратыдтой. Æз дæуæн, мæ сахъ цæргæс, дæ кæстытæй Хуры тынты адджын рæвдыд базыдтон. Раздæр мæм цырагъы рухсау разындтæ, Уый фæстæ дæ хурыл барын байдыдтон. Загьтай мын ныллæг хъæлæсæй «уарзын дæ», Дунейыл æй арвы нæрдау байтыдтон. Фæзынд Б о р а. Бацæуы йæм хæстæг. Бор а. Иунæгæй дæ никуы æрбаййафдзынæ. Иууыл- дæр де ’мбæлттимæ. К у а р æ. Æмæ уый æвзæр у? Б о р а. Хи хъуыддæгты фарстайы фæсивæд хъыгдар- гæ фæкæнынц. Ку а р æ. Омæ цы, æз ныртæккæ иунæг дæн. Бор а (йæ къух ын исы). Куарæ! Зæгъ мын æрмæст раст: мæ фæстæ уыцы дыууæ азы... Искæй бауарзтай æви нæ? Дæ зæрдæйæн хицау дæ? Куарæ (дардмæ афæлгæсгæйæ). Хъуыды ма кæ- нын: иу лæппу мын бафæдзæхста... дзырд радта—тагъд кæй æрыздæхдзæн. Æз æм дыууæ азы фенхъæлмæ кас- тæн. Уый та мæ хъуыды дæр не ’ркодта... Бора. Фæлæуу-ма, ма ракæ-бакæ кæн, фæлæ мын зæгъ, дзуапп ратт æргомæй. К у а рæ. Æргомæй? Дзырд мын радта, фысдзынæн дæм, зæгъгæ... Йæхæдæг æнæхъæн дыууæ азьг æрмæст иунæг хатт æрæрвыста 8-æм мартъимæ арфæйы фыс- тæг, уый дæр райстон 10-æм мартъийы. (Ныххудтис.) Бора. Хъазгæ ма кæн, дæ хорзæхæй. Æз дæ зæр- диагæй фæрсын, искæй зæрдæ дæм бахъазыд, исчи дæм бакæстытæ кодта? Куарæ (иуцасдæры фæстæ). Чи зоны æмæ бахъа- зыд. Б о р а. Чи у? 91
К у а р æ. Уый диссаг нæу. Диссаг уый у æмæ æгас дунейы уымæй хуыздæр нæй. Б о р а. Æмæ уый... Рæсугъд у? К у а р æ. О! Мæнæн. Бора. Æмæ зондджын у? К у а р æ. О, стæй ма фæзондджындæр уыдзæн. Б о р а. Æмæ нуазгæ дæр нæ кæны? К у а р æ. Цытæ дзурыс! Б о р а. Уæдæ ныр ды уымæ цæуыс чындзы? Куарæ. Ахæм ныхас нæм нæма уыд. (Ныххудт.) Æз æй нæ зонын, æцæг ис ахæм лæппу æгас дунейыл æви нæ. Мæхæдæг æрæмысыдтæн! Б о р а. Уæддæр та ныззылдтæ иннæрдæм? Æви мын уымæй мæ зæрдæ сабыр кæнынмæ хъавыс? К у а р æ. Нагъ!.. Афтæ зæгъынмæ хъавын, цæмæй ды уай уыцы лæппуйы хуызæн., Бор а. Ард хæрыи, дыккаг мæ разæй нæ ауадздзы- нæн. Иунæг ныхас зæгъ æмæ никæдæм уал акъахдзæф кæндзынæн, мæ иунæг уарзонæй, ме ’фсины фарсæй!.. К у а р æ. Æгæр тагъд нæ кæныс? Бора. Æнхъæлмæ кæсынæй æфсæст никуы уыдзы- нæ. Минæвæрттæ кæд барвитон? Фæстæмæ сæ нæ рар- витдзынæ? К у а р æ. Минæвæрттæ куы æрбарвитай, уæд æй уы- донæй базондзынæ. Б о р а. Куарæ... Куарæ!.. (Зары.) Къалиу-къалиу къабузæг, Ды мæнæн мæ малусæг. Ку а р æ. (Зары.) Бафтыдтай мæ катайы, Æз дæ уындæй атайын. Иу м æ. Суадон равзæрд дуры бын, Ды мæнæн — мæ хуры тын. 92,:
Донæн коммæ — иу кæлæн, Цæй, нæ амонд сиу кæнæм. Ку а р æ. Хъæугæрон — цъæх уæлвæзтæ, Ды мæнæн мæ цæргæс дæ. Бо р а. Тулдз лæдзæгæн хус кæрон, Ды мæнæн — мæ урс бæлон. И у м æ. Суадон равзæрд дуры бын, Ды мæнæн — мæ хуры тьщ., Донæн коммæ — иу кæлæн, Цæй, нæ амонд сиу кæнæм. Б о р а. Сæрд сæ хъармдæр афонтæй, Ды мæнæн мæ амонд дæ. Ку а р æ. Комы бын цæй нарæг дæ. Ды мæнæн мæ дарæг дæ. И у м æ. Суадон равзæрд дуры бын, Ды мæнæн — мæ хуры тын. Донæн коммæ иу кæлæн, Цæй, нæ амонд сиу кæнæ!м. Кæрæдзийы къухтыл хæцгæйæ ацыдысты. Уыдон фæстæ æрбауад Б е д ж ы з æ. Беджызæ. Ам дæр та нæй. Диссæгтæ!.. Фæзынд Д и л я р æ. 93
Д и л я р æ. Дада, ам цы тезгъо кæныс? Б е д ж ы з æ. Борайы агурын сæумæрайсомæй ныр- иæ. Хæдзармæ нæма фæзынд. Д и л я р æ. Мæнæ ам Куарæимæ ныхас кодта. Беджызæ. Зонын æй, ныхас кодта. Фæлæ бафи- дауыны тыххæй йемæ баныхас кодта æви нæ? Уымæн нæ хъуыддаг сараздзынæн, демæ та тухийæ мæлдзынæн мæ амæлæты бонмæ. Д и л я р æ. Чындзæй домыс лæвæрттæ, фæлæ ды та цы ратдзынæ дæ чындзæн? Б е д ж ы з æ. Мур дæр ницы. Мæнæ сымахæй æр- домдзынæн. Д и л я р æ. Уыдон лæвæрттæ нæ уыдзысты, фæлæ ирæд. Б е д ж ы з æ. Куыд фæнды йæ хонæнт, æрмæст —► хæдзармæ, хæдзарæй æддæмæ — нæ. Дилярæ (иуварсмæ). Æз дæр æй иу гыццыл ал- хыскъ кæнон. (Беджызæмæ.) Афтæ фехъуыстон, цыма дын Бора дæ нурытæ уæй кæндзæн. Ф&лæ дын нæ ко- ’МЫ? Б е д ж ы з æ. Кæмæй йæ фехъуыстай? Д и л я р æ. Фехъуыстон æй. Уæдæ нурыты цæх- джынтæ нæхицæн хæргæ уыдзысты? Б е д ж ы з æ. Æгæр нæ уыдзæн, уыдон уæхæдæг куы бахæрат, уæд?/ Д и л я р æ. Раст дæ. Нæхицæн æгæр æвгъау уы- дзысты хæрынæн. Уæд та сæ мæхæдæг æрбауæй кæнин? Куыд дæм кæсы? Беджызæ. Ды? Нæгъ! Дæуæн бахæсгæнæн нæй! Æууæнк дыл нæй! Д и л я р æ. Раст зæгъыс. Иунæгæй зын у. Лæвар авæрдзынæн уæйгæнинаг, æз æргътæн ницы æмбарын. Ъораимæ сæ сахатмæ æрбауæй кæниккам. Раст нæ зæ- гъын? Беджызæ. Кæс-ма! Æдылы сæры хицау уæв- 94
гæйæ зондджын уынаффæ хорз æрхъуыды кодтай... Æр- мæст уал сæ ме ’рдхордмæ ласын бахъæудзæн. Д и л я р æ. Ды нын æрмæстдæр бацамон, кæцæй æмæ сæ кæдæм ласын хъæуы, сæрмагондæй сæ кæмæ раттын хъæудзæн, уый. Б е д ж ы з æ. Уæзласæн машинæйы йæ авæрдзыс- тут æмæ йæ Фарны уынджы фæндзайæм хæдзармæ ба- ласдзыстут. Сæрмагондæй йæ ратдзыстут Темысмæ. Уый зоны> куыд æмæ сæ кæм уæй кæндзыстуг. Уый фæ- стæ — уæ хъару æмæ уæхæдæг; Д и л я р æ. Тыс-с-с. Хæдзары баныхас кæндзыстæм. Б е д ж ы з æ. Борайы нæ афарстай, куыд у нæ хъуыддаг? Ныхас кодтай? Д и л я р æ. Ныхас кодтон. Б е д ж ы з æ. Æмæ йын цы зæгъы Куарæ? Ди л я р æ. Раздæр цавæрдæр лæппуйы кой кодта,. стæй йын цыма зæрдæ бавæрдта. Æрбацыд Б о р а. Б е д ж ы з æ. Мæ хъæбул, æгайтма хъуыддаг рæст- мæ рауад. Рæвдз фæлæууын хъæуы, цалынмæ йæ фæнд нæ аивта, уæдмæ. Уæдæ Лазинкамæ згъорон, дæ дзуап- мæ æнхъæлмæ кæсьь Дилярæ (сусæгæй Борайæн). Ма йын бакоммæ- кæс. Хъусыс! Бора. Мæ фыд! Иæ мæ фæнды, æцæгæлон адæй- маг нын нæ хъуыддæгтæ хылы-мылы кæна æмæ... Беджызæ. Æз дæ фыд дæн æви нæ?! Æрбайрох та дæ ис, æнхъæлдæн. (Йæ хъусы йын дзуры.) Б о р а. Нæ, нæ. Цытæ дзурыс? Д и л я р æ. Дада, бар мын ратт æмæ йæ æз бафи- дауын кæнон! Б е д ж ы з æ. Æцитт гæды дæ хуыссæнмæ. (Бора- йæн.) Ды дæхицæн уый сараздзынæ æмæ дын иу чын- дзæхсæв дæр нæ уыдзæнис. Æз та... (Йæ зæрдæйыл фæхæцыд.) Охх, фæрæхуыста та мæ... 95
Бора (йæ къух ауыгъта). Куыд уæ фæнды, афтæ тсæнут! Д и л я р æ. Ехх, мæгуыр дæ бон, æнæ базыр дон- ласт! (Йæ къух ыл ауыгъта æмæ афардæг\) Уынгæй Л а з и н к а йæ фындз æрбадардта, æрбазынд. Л а з и н к а. Уæлæ бæласыл лæпъатæ Хæрам дын фæуой мæ пъатæ. Б е д ж ы з æ. Кæй кой кæнай — къæсæрмæ, кæнæ дæ фындзы бынмæ. Ныртæккæ дæ кой кодтам. Нæ амондæн фæзындтæ. Æмбæрзæн æрцыд бынмæ. Л а з и н к а. Мæнæн мæ фындз хорз кусы. Мæ сæр уæ бахъуыд æмæ та фæзындтæн. Цæй, хъуыддагмæ — æввахсдæр. Беджызæ. Хъуыддаг дын амонын нал хъæуы. Архай! Цом. (Бора арф ныуулæфыд æмæ ацыд.) Л а з и н к а. Архайын мæнæн амонын нæ хъæуы, фæ- лæ æз дæр рохуаты куыннæ уон. Уыййеддæмæ дын æз дæ цард мыды къусы хуызæн ацараздзынæн. Раст араббаг аргъауы хуызæн уыдзæн дæ цард, Беджызæ. Аргъауы цард уал фæуадз... Раздæр уал хъуыддаг сараз. Л а з и н к а. Мæ бар уадз. Б е д ж ы з æ. Нæ дæ фæнды мемæ сихор скæнын? Л а з и н к а. Æмæ цы кæны. «Нæ» нæ зæгъдзынæн. Фынг уал ацæттæ кæи. Æз дæм зындзынæн. (Азгъорд- та.) Беджызæ. Тфу! Хæйрæджыты амæттаг æрбау. Цырагъ ахуыссыд. ДЫККАГ НЫВ Сценæйы тымбыл’фæз æрзылд, совхозы станы кæрт, астæуæй стыр <бæлас, йæ алыварс къæдз бандон, кæрты алыхуызон дидинджытæ. 96
Дардæй æрбайхъуыстис хъæлдзæг музыкæ. Цасдæры фæстæ сихрр хæрыны афоны дзæнгæрæджы зыланг. Фæзынд Л а з и н к а, йæ хæд фæстæ чызг фæсивæд алырдыгæй æрбакалдысты. X æ м ы ц дæр семæ. ч Лазинка (уæздан хъæлæсæй). А-а-а... Мæ зæды лæппынтæ æрбатахтысты. X æ м ы ц. Зайлаг калм йæ цыргъ дæндæгтимæ. Фыццаг ч ы з г. Цы хабар дæм ис, нæ мады хай Лазинка? Абон немæ мæлæты уæздан нæ дæ? Л а з и н к а. Мæ хъæбул, сымахимæ афтæ куы нæ уай, уæд уе ’хсæн зæрондæн æххормагæй йæ уд схау- дзæн. Фæзынд К у а р æ. Ч ы з д ж ы т æ. Фидар фæлæуу, не ’мгар. Бæрæг у, дæ судзгæ уарзондзинады фæдыл дæм — сихорафон ми- нæвар. К у а р æ (иуварс акодта чызджыты, йæхæдæг Ла- зинкайæн комкоммæ). Цы дæ хъæуы? Л а з и н к а. Мæ къона, Куарæ, мæ къух уал мын райстаис, стæй мæ уæд афæрс цæхгæр. Ахæм æнæуæз- данæй дæ нæ зыдтон... К у а р æ. Æз уыцы иугъæдон уыдтæн æмæ уыдзы- нæн. Цæмæн дæ бахъуыд мæ сæр?1 Л а з и н к а. Цыма йæ нæ зоныс? Рухсаг уой дæ мад Дзегыдæ æмæ дæ фыд Уасдже. Уыдон-иу мæ фендмæ сæ былыцъæрттæ хордтой. (Цыма йæ цæссыг æркалд, уыйау йæ къухты кæлмæрзæнæй йæ цæссыг асæрфта.) Куарæ, мæ къона, æз дæумæ æрбацыдтæн минæвар, куыд хион, афтæ мæ Беджызæ æмæ Бора æрбарвыстой. X æ м ы ц. Борайæн йе ’взаг йæ дзыхы нал арæхсы? Цы акодтай дæхи минæвар? Лазинка. Мæ хур акæнай, Хæмыц, æнæ минæ- вар саразæн ницы ис. Суанг ма-иу паддзахадтæ дæр сæ хъуыддæгтæ кæрæдзийы минæвæртты руаджы аразынц. 4 Лавео Мæхъиты 97.
Уæд ,ам, диссагæй цы ис. Уæлдайдæр та уарзондзинады къæпхæытæм æнæ минæвары æххуысæй схизæн нæй.. Æнæ минæвар нæ фæсивæд тухæнæй мæлын байдайынц. К у а р æ. Æппынфæстаг цавæр уарзондзинады кой; кæныс? Л а з и н к а. Зондджын чызг куы дæ, хус уарзондзи- надæй зæды цард нæ кæндзынæ... Афтидæй куыд цæуыс Беджызæйы хæдзармæ? К у а р æ. Уый мæнæн у мæ хæдзар афтид? Æз хъу- амæ лæвæртты тыххæй хъуыды кæнон? Л а з и н к а. Мæ хъæбул, тынг раст мæ бамбæрстай: дæуæн дæ хæдзар совхоз у æмæ уыдон хъуамæ ахъуы- ды кæной, цæмæй дæ арвитдзысты, ууыл. Æрмæст сын* ской кæн. X æ м ы ц. Кæд ды уыцы паддзахадæй минæвар дæ, уæд сæ ц’ы хъæуы сæрмагондæй ацы паддзахадæй? Цы- бырæй нын æй бамбарын кæн. Л а з и н к а. Гъе уый дын лæджы ныхас. Сæрмагон- дæй фæрсыс? Табуафси, мæнæ номхыгъд. (Йæ ронæй’ йæ фелвæста.) Фыццаг. Сиахсæн костюм, дзабыртæ,. худ, хæдон, галстук. Дыккаг, Беджызæйæн — бухайраг худ, хæдон, галифе бастонæй, цырыхъхъытæ’ шавройæ. Æртыккаг. Йæ фыды хотæ Дусайæн, Дзанхъуыдастæн,. Уæлинкайæн — къабайæгтæ, алкæмæн дæр сæ туфлитæ. Немыцаг мебель, телевизор. Раззагдæр хъугдуцæг кæй’ дæ, уый, тыххæй дын хъуамæ совхозы разамынд ма ба- хæлæг кæной иу хъуг æд рæуæд, иу цалдæр фысы, иу дзæргъ æд хъыбылтæ. Сидзæр кæй дæ, уый сæ ма фе- рох уæд. Уымæй дарддæр дæхи цы хъæуы, уыдон дæ~ рох нæ уыдзысты. Оркестр. Хор. Беджызæйæн бухар худ, Æвзис? хъама’æд агъуд. * 98
Беджызæйæн хæдойнаг, Куыннæ дзы * уа фæсмойнаг. Фыды хойæн пуховкæ, Сыхаг чызгæн сырх кофтæ,^ Сæ сиахсагæн костюмаг, Минæварæн куырæттаг. Л а з и н к а. Къухылхæцæг, æмдзуарджын Уæ лæвæрттæй уой хайджын Уæдæ æз дæр — хæдзарон, Лæвар къаба фæдарон. К у а р æ. Нæ мады хай Лазинка, Кæрон дæр нæй дæ цинтæн. Кæй фæдзырдтай æргомæй — Айс саламтæ мæ номæй. Б а з а р а д. Дæ къухы ис нæ хъысмæт, Æмæ та нæм фæзьшдтæ. Æвиппайды æххуысмæ Фæсырдтай нын нæ зынтæ., Хор. Сæрæн дæ ды, сæрæн дæ, Гъей, уæрæйдæ, уæрæйдæ! Л а з и н к а (йæ дзыппæй къам систа). Нæ мæ фæнды нымайын Сæрмагондæй уæ нæмттæ. Нæ усгуртæй æрхастон Уе ’ппæтæн дæр салæмттæ., 99.
Ку арæ (мæстæймарæгау). Тынг архайыс мæн тыххæй,—- Бузныг, стыр бузныг дæ дæн. Ды цы ’рцагурай дæ дзыхæй Уый æххæстгæнгæ — мæнæн. Хор. Чындз дæ стыр разы фæцис. Ку а р æ (мæстыйæ). Де ’ппæт хин миты тыххæй дæм Дзурын нал хъæуы дзыхæй дæр. Цъымарайы дæм, æнхъæлдæн, Уаллæттæ кæсынц æнхъæлмæ. X æ м |ы ц. Й’ арæхстдзинады тыххæй йыл Сæвæрын хъæуы цъулбертæ. X æ м ы ц æмæ хо р: Ныртæккæ ардыгæй ’цæугæ Æмæ дæ сурæт бахъахъхъæ! Л а з и н к а (Куарæйæн). Æз æрмæстдæр архайын Д’ амондæн, дæ пайдайæн. И у у ы л д æ р. Иууылдæр дæу арæзт у| Æмæ цырддæр араст у! Ку а р æ. Мах зæронд дуджы нæ цæрæм,—< Зонæм кад кæнын нæ сæрæн. 100
Дæу фæнда кæнæ нæ фæнда — У цæхгæр æхгæд дæ фæндаг. Хор. Цæй, дæ хин митæн æгъгъæд у! Афтæ бакæн: Кæртæй ку’ ахизаи, гъе уæд-иу Дуар æрбахгæн. X æ м ы ц. Зæронд хъæрццыгъа! Л а з и н к а. Ды та зæронд халамæрзæн! Хор. Айс дæ гуыры конд дзæбæхæй! X а м ы ц. Тагъддæр ацу ардыгæй! Хор. Рæстæг ма саф дзæгъæлы! Л а з и н к а. Æз уын лæг фенын кæндзынæн! Хор. Цæй, цæмæ ма лæууыс? Л а з и н к а. Мæ къухмæ уæ хъæуы! Хор. Рæстæг сафæм дзæгъæлы. Цæй-ма, райдай! 101
Л а з и н к а. Ой!.. Рог музыкæ, чызджытæйæ алыварс кæрæдзийы къухтыл хæцгæйæ, цыма гæды æмæ мыстæй хъазынц, уыйау рæвдз зилынц. Л а з и н- к а йæхи куы иуырдæм аппары, куы иннæрдæм. Тынг архайы, цæ- мæй аирвæза, ууыл, фæлæ йæ бон нæу, ч ы з д ж ы т æ афтæ æн- гом лæууынц йæ алыварс... Иæхи ратыдта æмæ азгъордта сарайы ’рдæм, асин куы ауыдта, уæд уæлхæдзармæ суади. Чызджытæ асин райстой. Уый хæдзары сæр разгъор-базгъор кæны. Цы акæна, уы- мæн ницы зоны. Асин сæвæрут уын зæгъын, кæннод уæм куы ныххи- зон, уæд уын фенын кæндзынæн. (Æртхъирæнгæнæгау.) Сæвæрут асин уын зæгъын! Ч ы з д ж ы т æ. Иу кафт скæн уым æмæ дын—асин. Л а з и н к а (лæгъстæйæ). Ауадзут мæ, гормæттæ! Мæ сæр та уæ истæмæн бахъæудзæн... Ч ы з д ж ы т æ. Кафгæ кæн, хъæрццыгьа! Лазинка (кафы). Уæ мæ кафтæй фæкафат, уæ уе ’фсарм бахæрат мæ тæригъæдæй. Ч ы з г æм асин бахаста, иннæтæ бæндæн æрцæттæ кодтой. Куыд- дæр æрхызт, афтæ йæ абастой æмæ йæ ахастой. Æмбæрзæн ДЫККАГ АРХАЙД ÆРТЫККАГ НЫВ Тар æхсæв. Сценæйы фæзындысты дыууæ лæппуйы — дружинниктæ, Пантонимон кафт. Оркестр. Бæрæг у, лæппутæ кæйдæр кæй хъахъхъæнынц, уый æмæ станы алыварс разил-базил кæнынц, иу иуырдыгæй, иннæ та — иннæрды- 102
гæй. Дардæй хъуысы машинæйы моторы хъæр. Лæппутæ кæрæдзи*- мæ бакасяысты æмæ фæцæ^ынц машинæйы ’рдæм. Сценæ разильк Машинæйы цур Д и л я р æ æмæ Б о р а. Машинæйы моторимæ цыдæртæ архайы шофыр. Д и л я р æ. Уый куы зыдтаин, уæд ацы хъуыддаджы мæхи нæ нытътъыстаин. Д ж е р и. Раппарут уæ боцкъа. Æз æхсæв-бонмæ паддзахады машинæйы нæ ралас-балас кæндзынæн уе ’нæхайыры нурытæ. Мæн не ’вдæлы. (Уæлæмæ сгæпп кодта, фегом кодта машинæйы фæрстæ æмæ нурытæ кæ- ронмæ раввахс кодта, йæхæдæг æргæпп кодта.) Фæкæс мæм, Бора. Райстой йæ зæхмæ, йæхæдæг машинæйы абадт æ^æ æнæдзургæДæ афардæг. Бора. Исты хуызы йæ мæнæ къутæрты бынмæ ба- тулын хъæуы, стæй йæ искуыдæм амæрттаг кæндзыс- тæм. Д и л я р æ. Амæрттаг нæ фæлæ хæйрæджыты амæт- таг. Афтæ растдæр уыдзæн. Бора. Ма хъæр кæн. Милицæ ам арæх фæхъахъ- хъæнынц. Адон мын иууылдæр дæ митæ сты. Ды куы нæ уыдаис, уæд æз ницæй тыххæй сразы уыдаин! Дилярæ. Æгъгъæд. Нæ фыд дын цы фæзæгъы, уыдон æнæ мехъхъæй куы феххæст кæныс. Бора. Оу, ды ма мæ уæддæр бамбар: мæ мады кой мын куыддæр скæны, афтæ мын мæ дзых ахгæны. Стæй ма сдзурай — йæ зæрдæйыл фæхæцы... Æрбайхъуысти æхситт. Д и л я р æ. О! Æцæгдæр милицæ! Б о р а. Аныхæстысты ныл. Гъе уый ма нæ хъæуы. Д и л я р æ. Сс-с-с! (Йæ дзых ын ахгæдта). X ъ æ л æ с (фæссценæйæ). Дарддæр æрзилут. Æндæр хъæлæс. Ис! Æрзилдзыстæм! 103
Д и л я р æ. Лидзгæ, Бора. Æз кæд ам исты хуызы фæцъыллинг ласин мæхи. Бо^а. Æмæ дæ иунæгæй куыд ныууадзон нуры- тимæ? Д и л я р æ. Лидзгæ дын зæгъын. Ног та æхситт райхъуыст. Б о р а. Нæгъ, кæд сæфæм, уæд иумæ. Д и л я р æ. Ацы хабар Куарæмæ куы байхъуыса, уæд дын уый... Бора. Тæхын! Дилярæ, хорз нæу ацы хъуыддаг, фæлæ хатыр. Д и л я р æ. Гъæй кæн, гъæй кæн... Б о р а йæхи фæгуыбыр кодта æмæ пыхсыты афардæг. Хъæлæс (æввахсæй). Хорз ус, ды ахст дæ! Фанары рухсмæ зыны милицæйы дарæс. X æ м ы ц. Цæй, кæдæм пыррыкк кæныс? Д й л я р æ. Милицæйы дарæс та кæцæй райстай? X æ м ы ц. Бæрæг у кæцæй, милицæ ахæм хъуыдда- джы тыххæй кæддæриддæр—цæттæ баххуыс кæнынмæ. (Хæмыц æхситт кæны, фæзындысты йæ зонгæ лæппу- тæ.) Хæсгæут Боцкъа. (Боцкъа ахастой.) Д и л я р æ. Æри-ма ныр фыст. Ма тæрс, мах æй нæ- хæдæг ныффысдзыстæм. ■А æ м ы ц фелвæста запискæ, фанары^рухс) æм |шддардтой æмæ йæ милицæйы кусæджы |:>упорæй хъæрæй^ кæсынц. X æ м ы ц. Курын дæ: дзуапп ратт, ай цавæр боцкъа у? Ай уэ кæй зæгъын æй хъæуы цæхджын нурыты боц- къа. Кæм дын уыди? Кæдæм æй ласыс? Д и л я р æ. Æз дзы ницы дæн! Ныууадзут мæ! Ау- адзут мæ! ч X æ м ы ц. Цæй, хорз чызг, мæ фæдыл цæугæ! (Акæстытæ кодта.) 104
Д и л я р æ. Æнхъæлдæн æмæ алыгъд. X æ м ы ц. Уæддæр спектакль хорз ахъазыдыстæм. Д и л я р æ. Тынг хорз рауади. Зынæй дзы æппын- дæр ницы уыд. Хорз сарæхстæ! X æ м ы ц. Дæуæн зын нæ уыд, фæлæ мæнæн цыма мæ кармæ гæсгæ хорз нæ уыд. Хæмыц æмæ Дилярæ (зарынц.) X æ м ы ц. Азтæн афтæ у сæ конд: Адæймаджы хонынц дард. Иуæй саразы зæронд, Иннæмæн та радты цард. Д и л я р æ. Иу хъуыддаг ма ноджы зон: Нæй нæ фæндæттæн кæрон. Зæрæдтæ куы уой æвзонг, Цард нæ кæны уæд зæронд. И у м æ. Иу туг, иу дугæй ыстæм, Иумæ мах хъæуы цæуын, Мах кæрæдзийыл тыхсæм: Ды — мæныл, æз та — дæуыл. X æ м ы ц. Æз куы бакъуырон мæ ных, Авæр-иу мæм уæд дæ къух. Хъуамæ иумæ цæуæм мах, Иу зарæг кæнæм æдзух. Д и л я р æ. Кæстæр хистæрæн — йæ тау, Хистæр кæстæрæн — йæ цонг. Кæстæрмæ куы уа æгъдау — Хистæрæн уыдзæн æнцон. 105
X æ м ы ц. Хъæлдзæгдзинад — царды ’мбис, Худæн рæстæг ныл кæнæд! Фелхыскъгæнинаг кæм ис, Уайдзæфты зæй уым кæлæд! Д и л я р æ. Чи уадза æвзæрæй фæд, Чи кæна уæлæнгай хуым. Иу гыццыл ыл ахуд уæд, Ницы ис æвзæрæй уым. И у м æ. Иу туг, иу дугæй ыстæм, Иумæ мах хъæуы цæуын, Мах кæрæдзийыл тыхсæм: Ды — мæныл, æз та — дæуыл. Худæджы музыкæйы зæлтæм кæнынц худæджы кафт. Æруагътой дыккаг æмбæрзаен. Æмбæрзæны размæ авансценæйы дыууæ лæппуйы фæхæссынц боцкъа, музыкалон хъæлдзæг* маршимæ/ фæцæуынц, сай фæдыл Д и л я р |Ю, Хæмыцы милицион худ йæ сæрыл, Хæмыц дæр фæцæуы сæ фæдыл. Æмбæрзæн ЦЫППÆРÆМ НЫВ Доныбыл. Б е д ж ы з æ авансценæйы. Дыууæрдæм мæстджынæй1 рацу-бацу кæны. Б е д ж ы з æ. Цы хæйрæджыты амæттаг фесты. Фæ- лæуу, кæд нæ рæдийын,* уæд кæйдæр æндæрг æрба- цæуы. Уый у! Бора у! Иунæгæй. Цы йыл æрцыдаид. Фæзынд Б о р а фæлладæй, чъизитæй, дзæгъæл каст кæнгæйæ. 106
Цы ’рцыдцс? Кæм ис Дилярæ? Цæй, дзургæ, æз дæу куы фæрсын, лæппу. Бора,(й<æ къух ауигъгæйæ). Фæцис, Баба... Беджызæ. Тфу! Дзургæ, гобийы н\ыхас ма кæн. Зæгъ-ма, цы уыл æрцыдис? Бор. Быламыхъ сызмæстой æмæ дзы рауад хам- бохъ! Беджызæ. Хъус-ма, хамбохъ! Усгур кæй дæ, уы- мæ дын нæ фæкæсдзынæн. Ахæм цæф дын фæкæндзы- нæн, æмæ зæххы дæ хъуырмæ куыд асæдзай. Бо р а. Ныссагъдыстæм, ныссагъдыстæм дзы æнæуи дæр нæ хъуырмæ. Ды махæн ахæм митæ бакæндзынæ* æмæ цыдæриддæр тæрхондоны/^тать,ятæ ис,чуыдон иуй уылдæр мах ныхмæ саразын кæндзынæ. Авд дæлдзæхы ныххауæд уыцы нурыты боцкъа. Нæ чындздэ/он\ ч*ызг* ахæстоны смидæг. Б е д ж ы з æ. Куыд, куыд смидæг? Бор а. Куыд вæййьь афтæ. Дилярæйы милицæ ала- стой, йæ боцкъа йæ разæй тулгæ, афтæмæй. Б е д ж ы з æ. Æмæ уæд ды та? Дæхæдæг алыгъд- тæ, дæ тæппуд уд бафснайдтай, æмæ дæ хойы фæуагъ- тай? Хорз хъазы мыггаг разындтæ! Б о р а, Хъазæй мæнæнфидис ма кæн, æз| дæр цыг дæ’ртæ æмбарын æмæ æмбудын. Б е д ж ы з æ. Стыр бузныг. Æгайтма цыдæртæ æм^ будыс... Б о р а. Кæд мæ фыд дæ, уæддæр дын барвæндонæй ахæм сау хъуыддæгты нал баххуыс )'кæндзынæн, стæй, мæ хойæн дæр бар нал ратдзынæн, кæ ма раирвæз)а,. уæд. Беджызæ. Дæ фыды ныхмæ цæуыс? Дæ чын- дзæхсæвы разæй? Ахъуыды кæн дзæбæх... Фæзынд Дилярæ, Бора йæм базгъордта. Æ... Æппынфæстаг фæзындтæ? Б о р а. Диля! Рауагътой дæ? 107
Дилярæ. Ысс, кæдæм хъæр кæныс! Ардыгæй рай- соммæ. Цæй хуызæн дæ, дæхимæ ма бакæс. Дæхи адзæ- бæхтæ кæн, цалынмæ дæ адæм нæма федтой, уæдмæ* (Йæ фыдæн.) Бора дын бамбарын ’кодта? Беджызæ. Бамбарын кодта. Д и л я р æ. Бæллæх уый мидæг ис,~ æмæ егъау ивар фидын бахъæудзæн. Б е д Ж ы з)æ (Борайæн)^ Цæмæ ма лæууысу Ц^еугæ хъæмæ! Б о р а. Уæдæ нал хъæуы? Б е д ж ы з æ. Цæугæ! Б о р а арф ныуулæфыд æмæ ацыд. Фæталынг. Æмбæрзæн æрцыд. Уæдæ, зæгъыс, ивар фидын бахъæудзæн? Д и л я р æ. Æвæццæгæн. Б е д ж ы з æ. Æмæ, зæгъын,, æппындæр куы нæ ба- фндæм, уæд та? Д и л я р æ. Æмæ цы кæн,ы. Ис гæнæн æмæ ма ба- фидæм. Уый бæсты æнæмастæй абадæн ис. Б е д ж ы з. æ. Ома, куыд, кæм абадæн ис? Д и л я р æ. Кæй зæгъын æй дъæуы, рес|гораньц нæ фæлæ ахæстоны, уазал къæйбынзæххыл, æнæхъæн би- нонтæй иумæ. Беджы|з æ. Сæрра дæ? Цæй.тыххæй) ахæстон^г? Д и л я р æ. Уæй кæныны бар лæвæрд кæмæн нæй, ахæм товарты тыххæй. Уый дын иу. Дæ нурыты цæх- джын æмбыд кæй, разынд* уый тыххæй. ’Уый! дык дык;- каг. Паддзахады кæй сайыс, уый тыххæй. Спекуляцийы тыххæй. Паддзахадон машинæ æмбисæхсæв... Б е д ж ы з æ. Æгъгъæд—мæ хъуырмæ дæн. Бамбæр- стон æй! Æгъгъæд! Кæдæм фидын хъæуы, стæй цас? Д и л я р æ. Милицæмæ. Цыппарсæдæ сомы. Б е д ж ы з æ. Цы, дам?! Цыппарсайдæ сомы! Дæ фы- ды ’марынмæ хъавыс? Цæй тыххæй?! Д и л я р æ. Тæккæ куыстафон машинæ кæй атæрын кодтай... 108
Б е д ж ы з æ. Æгъгъæд! Оу, сæ хъуыры фæбадой мæ ыæ тæригъæдæй. Дилярæ. Зын у, цавæрдæр æмбыд нурыты цæх- джыны тыххæй цыппарсæдæ сомы бафид. Цæй, уæд та дыууæ азы абадæм ахæстоны æнæхъæн бинонтæй... Беджызш, Нæй гæнæн. Фидын хъæуы. (Систа •æхца. Дилярæ йæм йæ къух бадардта.) Нæ, мæхæдæг сæ... Дилярæ. Цытæ дзурыс? Æз хъуыддаг мæхимæ райстон. Дæ номы кой нырма уым нæй. Куыддæр сæм •фæзынай, афтæ æппæт дæр раргом кæндзынæ. Беджызæ (йе ’хцатæм кæсы). Ехх, цæуыннæ уæ ахастон æфснайæн кассæмæ. Айс сæ, фæлæ дын сæ æз дæ Бадзийы бæзджын рагъæй растигъдзынæн, ма тæрс, уый уæ банцмыгъта æнæмæнгæй. Дилярæ. Нæ хъæуы, баба, ирæд исыны тыххæй дæр та дæм стыр маст æрхаудзæн. Б е д ж ы з æ. Цæуыннæ? Хæс фидын хъæуы æви нæ? Д и л я р æ. Раст нæу уыцы боцкъайы тыххæй, цы ’бакодта... Б е д ж ы з æ. Гъеныр кæсыс уымæ! Д и л я р æ. Æз дзы ракуырдтон — куырдтон, лæгъ- стæ йын кодтон, цæмæй йæ дзыхыл хæцыдаид! Бе д ж ы з æ. Уый та? Д п л я р æ. Йæхи нысхъæл кодта. Тæрсын нæ кæ- ны. Ды йемæ уæздандæр у. Кæннод нæ сбадын кæн- дзæн. Беджызæ. Охх!.. (Хъуырдухæн кæны, æхца ны- .майы.) А! Баназ мæ туг! (Æхца дæтты.) Д и л я р æ. Туман дын нæ фаг кæнынц. Беджызæ. А! Сæ хъуыры фæбадæд. Мæгуырмæ мæ æртардтой. Д и л я р . Цæй, ма ку! Дæ фырт ус р^акурдзæн æмæ сæ чындзы лæвæрттæй баххæст кæндзынæ. Æз згъорон, кæинод милицæ мæнмæ æнхъæлмæ кæсынц. (/] згъ орд та.) 109
’ Беджызæ. Ма фесæфæд де ’хца! (Сбадт æмæ- дыууæрдæм рафт-бафт кæны, хъæрзы.) А-афтид мæ код^ тбй... Мæ царм мын бастыгътой удæгасæй. Охх!.. Фæзынд Б а д з и. Йæ дзых ацы куысыфтæгæн куыд æгъдауæй ахгæ- нон. (Зарæгау.) А-а, Бадзи! Б а д з и. Æз мæхæдæг, Беджызæ Тепсарыхъойьг фырт. (Сабыргай.) Цы уа, уый уæд! Беджызæ. О, уый æз дæн, мæ хур... кæй дарыс,. уыдон тыххæй дын зæгъынмæ хъавыдтæн. Б а д з и. Æз, Беджызæ Тепсарыхъойы фырт, мæхи- нымæр хъуыды кодтон, гъемæ æрцыдтæн ахæм зондмæ: айс машшæ1(Ныхъхъæрзыдта.) Æрмæст æз дæу... Б е д ж ы з æ (æртасæгау). Цытæ дзурыс, цытæ?' Мæнæн мæ бон у... Кæрæф дæн? Банхъæлмæ кæсдзы- нæн. Дæхиуыл фæхæц. Ма æруадз дæхи. Цæугæ... Б а д з и. Цы дыл æрцыд? Рынчын фæдæ? Беджызæ. Нырма нæма, фæлæ мæ тагьд уыр- дæм хъæуы. (Аивæй.) Дæумæ мæм курдиат ис: гыццыл дæхи уæздандæр дар. Ма ралæхур мæнæ... уый тых- хæй... куыдæй... гъи... Б а д з и. Цæй тыххæй? Б е д ж ы з æ. Мæнæ уыцы нурыты боцкъайы тых- хæй... Бадзи. Цавæр нурыты боцкъа? Беджызæ. Цавæр цавæр... цавæр вæййы, ахæм.. Мæ зæнгтæ мæ быны нал цæу’ынц. Б а д з и. Дæ кæцы зæнг у? Галиуæви рахиз. Беджызæ. Рахизырдæм куы уаид, фæлæ гали- уыр’дæм. Бамбæрстай? Б а д з и. Ныртæккæ дæ машинæйы бадавдзьшæн д’оххырмæ. Беджызæ. Машинæйы? Йæ цæлхытæ иууылдæр* атъæпп уæнт дæма’шинæйæн. 110
Б а д з и. Цæмæн афтæ æлгьитыс мæ цæлхыты? :Ныртæккæ сын ыссарæн куы нæ ис... Беджызæ. Зоиын æй. Цавæр дохтыры кой кæ- ныс? Тæрсын мæ кæныс? Б а д з и. Нæ дæ фæнды — бар дæхи... Æнæниз у! (Былæй бынмæ кæсы.) Беджызæ. Æнæниз у... фæлæуу, æз дæ чындзы лæвæрттæй ныддасдзынæн. Мæ къухмæ дæ нæ хъæу- ^зæн. (Ацыд.) Фæзынд Б о р а. Бадзи. Хъус-ма, Бора, дæ фыдыл цы æрцыд, йæ сæр уæлæмæ куынæуал исы? Бо р а. Æмæ цы? Б а д з и. Афтæ уæздан æрци æмæ диссаг! Б о р а. Ма йыл æууæнд. Æз æй мæхицæй зонын. Мартъийæ уæлдай нæу. Сахатмæ йæхи ивгæ кæны. Бадзи. Кæсын дæм, æмæ дæхи кæдæмдæр раца- <грæзтай? Б о р а. Хъæуы, æвæццæгæн. Усгур дæн. Æрмæст мæ >базонын хъæуы йæ политикæ. Б а д з и. Цавæр, æппæтдунеон политикæ? Б о р а. О, нæ... Бинонты. Кæд йæ политикæ разыйы нысаныл уа, уæд хорз. Фæлæ кæд лæбурæджы хуызы уа, уæд, æвæццæгæн, пиллон арты ссудздзынæн. Мæхи ,æвзæр фенкъарын, фæрæтæй хост фьгдджинаг мæ куы фæаразынц, уæд. Б а д зи. Мæнæй сарæзтой фыдджинаг, фæлæ уы- ныс? Уæддæр змæлын, цæрын æнæбары. Бора. Гъе мæгуыр сæрхъæн, Дилярæ дæ кæрдæн машинæйы здухы дæ сыгъдæг æргомзæрдæ уарзондзи- надимæ. Гъе, мæгуыр дæ бон! Б а д з и. Иу амонд ма мæм фæкæсы: куы фæбыцæу вæййæм, уæд ма фæстаг ныхас мæ бар вæййы. Бора. Гъемæ йын уæд цы фæзæгъыс? 111
• Бадзи. Цы фæзæгъын? Ныссабыр у, зæгъын. Дæу куыддæриддæр фæнда, иууылдæр афтæ уыдзæн. "Æрбазгъордта К У а р æ, улæфт ын нал фаг кæны, афтæмæй. Куарæ. Фу, æппынфæстагмæ дæ ссардтон. Бора (Бадзийæн). Нурыты тыххæй мацы базона. К у а р æ. Кæм фесæфтæ? Æз дæ кæм нæ агуырд- тон... Б а д з и. Куыд кæсын, афтæмæй йæм лæбурæджы хуызæй ницы ис. (Ацыд.) Б о р а. Куарæ, æцæг æнæ мæн æнкъард кæныс? Куарæ. О, Бора. Кодтон æнкъард. Ныры хуызæн никуы кодтон æнкъард. Бора (иуварсмæ). Æнхъæлдæн, йæ политикæ иу- дзинады тыххæй у, разыйы нысан у.(Куарæйæн.) Уар- зыс мæ уæдæ уæддæр гыццыл, æрмæст дæм бакæсон — дунетæ цыма иууылдæр мæ амондыл цин кæнынц! К у а р æ. Ды афтæ хъуыды кæныс? Б о р а. Цы дзы хъуыды кæнын хъæуы, кæд æмæ мæ зæрдæ æнкъары уарзондзинады бæллиц. (Ахъæбыс кæ- нынмæ йын хъавыд, фæлæ йын йæ къух ариуыгъта.) К у а р æ. Нæ, лæбургæ нæ! Б о р а. Цæуыннæ, мæ дунейы рухс? Куарæ. Хъуыды кæнын, цæмæй фæуай дæлимонтьг хай. Бора. Фæлæуу-ма, хъазгæ кæныс? (Иуварсмæ.) Базыдта йæ! Куарæ. Ахæм хабары фæстæ хъазыныл дæн? Бора. Куарæ! Ард дын хæрын: æз алцæмæй дæр баууæндыдтæн Дилярæйыл. К у а р æ. Дилярæ ам цы давы? Бора. Æз мæнæ уыцы боцкъайы тыххæй. Æз ын цы, зыдтон. Иууылдæр уый... Куарæ. Цавæр боцкъа? Цытæ лæхурыс, уый дæ- хæдæг дæр нæ зоныс! Мæн фæнды базонын — чи æр- барвыста мæнæ уыцы сæлхæр Лазинкайы минæвар? Чи’ 112
сæрра ис сымахæй æмæ лæвæрттæн кура хæдæттæ4 æмæ цырыхъхъытæ? Худинаг æмæ æрдиаггаг. Бора (йæхицæн). Бахаудтæн дзы гъеныр. (Куарæ- мæ). Æз мур дæр ницы зонын. Ард хæрын: æз ницы аххосджын дæн. К у а р æ. Куыд ницы аххосджын дæ? Ды зыдтай ацы хабар? Ратт дзуапп! Б о р а. Æз... Омæ цы? Куарæ. Дæхи ма рафæлив-бафæлив кæн, фæлæ мын комкоммæ мæ цæстытæм кæс! Уыцы быдыргъы æнæ дæу кодта тæрхон лæвæртты тыххæй дæ фыдимæ? Уæдæ номхыгъд дæр æнæ дæу хъулон кодтой? Бора. Куар, ма тæвд кæн... Байхъус мæнмæ. Æм- барыс... Мæ фыды дæхæдæг хорз куы зоныс — хивæнд у, йемæ ныхасгæнæн нæй. К у а р æ. Æмæ сæ куыд фæндыд, афтæ ауагътай? Б о р а. Æмæ уæдæ цы мæ бон у? К у а р æ. Æнхъæлмæ кæсæд дæ фыд, æлхæндзынæн ын бухар худ, цырыхъхъытæ æмæ æндæртæ. Ды дæр донласт карчы хуызæн дæхи ауагътай, дæ барты сæрыл дыууæ ныхасы зæгъын дæ бон нæу. Комкоммæ мын зæгъ (дæ фæндон! Кæд нæ, уæд хорзæй баззай! Б о р а. Æз алцыдæр сараздзынæн, æрмæст ды дæ- хи ма ’фхæр. Л а з и н к а сусæгæй æрбахъуызыд æмæ сæм хъусы. К у а р æ. Афтæ фæуæд! Уæдæ уæд хъусгæ кæн. Сов- хозы фæскомцæдисы цæсты дæ бафтыдта уыцы фæли- той,æнаккаг брон Лазинка. Хъуамæ се ’ппæты раз дьг дæхи сраст кæнай. Б о р а. Æндæр ницы? Уый уыдзæн арæзт. К у а р æ. Райсом изæр мæм æрбацæудзынæ æмæ мын æппæт дæр бамбарын кæндзынæ. Стæй уый фæстæ не ’хсæн уыдзæн бынтон фидыд. Разы дæ? Бор а. Дæхицæн ныфс ратт. Ды куыддæриддæр зæ- гъай, афтæ уыдзæн. 113
К у а р æ. Охх, Бора, нæ зонын, нæ зонын. Баууæн- лон дыл æви нæ? Оркестр. Б о р а (зары.) Уæларвæй дæм цæхæртæ хауæнт! Нæ зæхх уыдзæн сæ артæй рухедæр. Куарæ, мæныл дæ зæрдæ баууæнд, Æз æй рæвдаудзынæн æнустæм. К у а р æ (зары.) Нæй уарзон фæндæгтæн ысбарæн, Уæларвон стъалытæн нымайæн. Æз дын дæ цæстæнгас æмбарын: Нæ зоны хин митæ ’мæ сайын. Б о р а. Зæрин хур мигъты ’хсæн дæр арвæй Иæхицæн ракъæртт кæны рудзынг. Нæ уарзондзинады цъæх артæц Нæ зæххыл ирд цырæгътæ судзы. К у а р æ. Нæ хъæуы раст ныхасы хъузон,— Фæндаг йæхæдæг дæр ыссæнды. Нæ уарзт ыскæнæм мах æнусон Æмæ йæ ахæссæм бæрзæндты. И у м æ. Нæ хъæуы раст ныхасы хъузон,— Фæндаг йæхæдæг дæр ыссæнды. Нæ уарзт ыскæнæм мах æнусон Æмæ йæ ахæссæм бæрзæндты. (Ацыдысты.) :Уыцы рæстæджы фæзындысты Б е д ж ы з æ æмæ Л а з и н к а, иу—иуырдыгæй, иннæ та — иннæрдыгæй. 114
Л а з и н к а. Афтæ, афтæ... Б е д ж ы з æ. Хъуыддаг хорз цæуы. Иумæ фæцæ- уынц. Лазинка. Æгæр раджы цин кæныс. Нырма стыр< ныхас ис/ æнхъæлдæн, се ’хсæн. Б е д ж ы з æ. Цавæр ныхас уæддæр? Л а з и н к а. Ноджы дæ фондз проценты æфтауын* бахъæудзæн. Б е д ж ы з æ. Цы, цы? Бынтон сæлхæр дæ? Л а з и н к а. Æз цы тымыгъты бахаудтæн ныртæк- кæ, уый фæстæ дæс проценты ницы сты. Ноджы ма мæ фылдæр тухи бахъæудзæн йе сразы кæнынæн. Уæддæр бафыдæбон хъæуы... Мæ авналæнтæ... Беджызæ. Нытту кодтон дæ авналæнтыл!.. Л а з и н к а. Иæ, Беджызæ Тепсарыхъойы фырт, ту кæнынæй дын дзы ницы рауайдзæн. Уæ чындзæхсæв уæлдæфыл лæууы, иу уысм æмæ уæ хъуыддаг—гаф- футт! Беджызæ. Цытæ лæхурыс? Дзургæ æргомæй? Л а з и н к а. Уæдæ байхъус, дæ Борайæн дын къæп- пæг æрцæттæ кодтой совхозы фæскомцæдисон фæсивæд, сæ разæй — дæ чындзаг Куарæ афтæмæй. Бора гуымы- дза фысау йæхæдæг фæлæсы къæппæгмæ. Æмæ нæ ус- гуры æрылхъивдзысты. Лæвæртты бæсты дын дæхицæй æрдомдзысты. Беджызæ. О, м^ скæнæг! Мæ сæр кæдæм ап- парон?! Л а з и н к а. Ахъуыды кæн дæхæдæг. Б е д ж ы з æ. Цæуон нæхимæ тагъд. (Тагъд ацыд.) Л а з и н к а (йæ фæдыл). Куы дæ бахъæуон, уæд-иу мæм фæхабар кæн. (Цæуынмæ хъавыд, фæлæ фæстæмæ куы фездæхт, уæд Хæмыцы ауыдта.) X æ м ы ц. Цæй, цы нæмыс зæхх? Кæй тыххæй æр- бацыдтæ. Ныр та кæд мæнæн курыс ус? Л а з и н к а. Нæгъ. Дæуæн дæ балц фæцис. Да* 115
.фæндаг дæлæмæ у. Уым дын ракурдзысты ус. Мæ сæр дæ нал бахъæудзæн. X æ м ы ц. Стыр бузныг! Ацы сæлхæры ныхæстæм хъусынæй æрæхгæнынц мæ хъустæ. Л а з и н к а. Æфхæрыс мæ. Цы бакæнон, мæ сæрыл <сдзурæг куы уаид, уæд бæргæ, фæлæ—æнæ лæг. Мæ сæ- рыл чи рахæца, чи мыл бамæт кæна... (Скæуæгау код- •та.) X æ м ы ц. Ма ниу. Ды дæхæдæг тынг хорз мæт кæ- ныс дæхиуыл. Дæ уарзæттæн нымæц куы нæй. Лазинка. Уарзон мын фест! Ды дæр иу рæстæг мæ фæдыл æрра бирæгъау бирæ фезгъордтай, æмæ дæ цы федтон хорзæй... Мæ бон нал у алыбон де ’нæсæр ныхæстæй. X æ м ы ц. Цы, дам? Лазннка. Æнцад цæрын мæ нæ уадзыс! X æ м ы ц. Нæ дæ хъусын. Оркестр. Хæ м ы ц (зары.) Кæддæр кæрæдзийы куыд уарзтам. Нæ уарзт ныр бахус и уымæлау. Л а з и н к а (зары.) Цы дæм уыд, уыдон дон фæласта, Ыстуаг дæ боцкъайы къуымæлау. И у м æ. Гæды ’мæ куыдз ысты ызнæгтæ, Фæлæ, дам, фидауын дæр зонынц. Кæд (никуы уыдыстæм фыдлæгтæ Уæддæр кæрæдзи хъуын-хъис тонæм. X æ м ы ц. Æз дын, æрбайхъус-ма, цы зæгъын: Нæ уарзт ысног кæнын æмбæлы. 116
Л а з и н к а. Зæронд чъебырейы хæррæгъыл Кæй бафæнддзæн, зæгъ-ма, æмбæлын? Иу м æ. Гæды ’мæ куыдз ысты ызнæгтæ, Фæлæ, дам, фидауын дæр зонынц. Кæд никуы уыдыстæм фыдлæгтæ Уæддæр кæрæдзи хъуын-хъис тонæм. 'Хæмыц. Фæнда дæ, йе кæнæ нæ фæнда, Ныр нал баиу уыдзæн нæ фæндаг. Л а з и н ка. Дзæгъæлы мауал хал дæ нуæрттæ, Кæм ма ис уарзты тых зæрæдтæм. Кафынц. Æмбæрзæн æрцыд бынмæ. Авансценæйы æрбацæуынц Б о р а æмæ Б е д ж ы з æ. Цасдæр рæстæг ницы дзурынц. Беджызæ (сабырæй). Уæдæ хъуыддаг иннæрдæм ныззылди. (Борайæн.) Уæдæ цæуыс? Б о р а. Цæуын, мæ фыд. Дзырд радтон Куарæйæн. Беджызæ. Хорз ахъуыды кодтай дæхи~~зондæй цæ- рыныл? Бора. Æз ницы хъуыды кæнын. Куарæйы афтæ -бафæндыд. Б е д ж ы з æ. Æгæр раджы нæ бауагътай дæхиуыл саргъ æвæрын? Куарæ загъта. Куарæ афтæ загъта... Б о р а. Раст дæ, баба, фæлæ бартæ уымæ сты. Уар- зондзинадæй. Б с д ж ы з æ. Уарзондзинад æрбацæуы æмæ ацæуы. Къæлæт баззайы. Афтæ æнхъæл дæ, мæ фырт, мæхиуыл тыхсын. Ды цæрдзынæ йемæ æмæ тыхсын дæу тыххæ’й... Паузæ. 117
Куыйтæ сæ бахæрæнт уыцы лæвæрттæ! Нæ мæ фæн- ды — бинойнаг де рагъæй ракæс-ракæс кæна. Ды лæ- джы бынаты хъуамæ уай. Уæд та кæд дæ фæнды, уæд минæваримæ мæхæдæг бацæуон. Б о р а. Баба, ам фидаугæ нæ, фæлæ хатыр кургæ у. Б е д ж ы з æ. Омæ хатыр дæр ракурдзыстæм. Ды та... хуыздæр уаид, горæтмæ къухдарæнмæ куы ацæуисг уæд. Æнæ къухдарæн фидыд нæй. Мыййаг гыццыл исты зыгъуыммæ — уæд нæ къухдарæн фæрæстмæ кæндзæн. Бор а. Афтæ хъуыды кæныс? Гъемæ афтæ дæр фæ- уæд, кæннод æцæг æгæр кæны, сфыдуаг æй кæндзынæн!. Беджызæ. Дæ цæрæнбон бирæ уад, мæ хъæбул’. (Арф ныуулæфыд, æхцадонæй систа æхца.) Айс... уьь дон дын къухдарæнæн. Бора. Хорз, баба. Æрмæст дзæбæх бацархай. Ма та ныххылы-мылытæ ут! Б е д ж ы з æ. Ма тæрс, бабайы фырт, хъуыддаг хорз рауайдзæн. Фæкæс-ма-иу. Оркестр. Б е д ж ы з æ (зары.) Куы ’рхонай ды хæдзармæ усаг: Æрæхгæн-иу ыл фидар дуæрттæ. Куьг разынай дæ усмæ хъусаг Уæд дын фæхъаздзæни д,æ нуæрттæй. Дæуæй дæ усы хъуамæ тас уа, Æдзух ын кæнай хъуамæ кусын. Дæ бæрзæймæ йай схизын ма суадз, Науæд дæ райдайдзæни дуцын. Æппæт дæр дзы ды дар æмбæхстæй, Дæхæдæг хицау у дæ хæлцæн. Кæннод дæ уый йæ сырхзынг уæхстыл Цъысцъысгæнаг физонæг скæндзæн. 118
Мæ ныхæстæ мын растдæр бамбар, Дæ бартыл иудадзыгдæр тох кæн. Дæхæдæг ыл-иу архъан баппар Æмæ йын макуы суадз йæ рохтæ. Æмбæрзæн ФÆНДЗÆМ НЫВ^ Куарæйы хæдзары раз бандон. Бадынц ыл дыууæ уарзоны. Музыкæйы зæщтæ хъуысынцу Лирикон ариозæ, фыццаг актæй. Уар- зæттæ кæрæдзийы къухтыл хæцгæйæ ацæуынц фæскулисмæ æмæ фæаууон вæййынц. Фæзынынц ч ы з д ж ы т æ. Оркестр. К у а р æ (зары.) Бон æнæсых дæн, æнæ хъæу, Нал уынын æхсæв фын дæр, Хъизæмар кæнын æнæ дæу, Демæ та мын у зындæр. Ч ы з д ж ы т æ. Фидар хæц дæ цардæмбалыл, Æмæ ма кæнай æнкъард. Уарзонимæ иу фæндагыл Ис фæцæуæн дард. Фидар хæц дæ цардæмбалы,л, Макуы йын ысуадз йæ цонг. Уарзонимæ цард æмбарын У æдзух æнцон. К V а р æ. Æз дæуæн зæрдæйы ’вастæй Никуы зæгъдзынæн мæ фæнд. 119
У мæнæн дæ иунæг фенд дæр Ме ’нцой сафынæн æгъгъæд. Хурзæрин кæд арвыл хъазы, Не ’ндавы уæддæр уый м;æн» Кæд мæ уарзон ис мæ разы,— Уæд мæсыг у уый мæнæн. Чы^джытæ æмæ К у а р æ кафынц, ныхас кæнынц. К у а р æ. Бора æрæджы кæны... Ф ы ц ц а г ч ы з г. Æрбацæудзæн. Цы фæуыдзæкг æнæ дæу?! Ку а р æ. Кæд мæ, мыййаг, нал уарзы? Д ы к к а г ч ы з г. 0, нæ! Дæ уарзтæй цъæх арт куы уадзы. Куарæ. Æрмæст лæппуйы ма фæтæрсын кæнутГ Хатыр ракурынмæ хъавы. Æ р т ы к к а г ч ы з г. Ма тæрс. Нæ йæ ахæрдзыс- тæм. Д ы к к а г ч ы з г. Фæсабыр ут, чызджытæ! Æн- хъæлдæн, Бора æрбацæуы! Тагъд æрбацыд Д и л я р æ. йæ фæдыл —- Б а д з и. Сæ фæдыл — цалдæр лæппуйы, Б а д з и. Диля, æрсабыр у. Д и л я р æ. Диля, æрсабыр у!.. Нал уыдзæни уый., Æгъгъæд фæуæд! Б а д з и. Диля... Д и л я р æ. Загътон—æгъгъæд! Алырдыгæй дæр æр- мæст дæуæй хъаст кæнынц. Мотортæй, дам, иу дæр рæстмæ нæ кусы. Нæ механикæн, дам, æрмæст йæ сæры ис иу хъуыды: кæй асайон, кæй афæливон... 1 Б а дз и. Байхъус-ма, Диля. Иунæг ныхасы бар мын дæттыс? Æз... Д и л я р æ. Цæй, лæхур, цы ма дæ хъæуы? 120
Бадзи. Диля! Фæсивæд, курын уæ хатыр. Фæзынд мæм талынг хъуыддæгтæ. Дзырд уын дæттын, бынтон- дæр сæ кæй фæхицæн кæндзынæн мæхицæй. Хъæлæстæ. Гъæй кæн, гъæй дарддæр. Б а д з и. Райдайдзынæн уемæ кусын, куыд æмбæлы, афтæ. Æнæуæлдай митæй. Мæ уды уыд машинæ æмæ йæ ныммардтон. Хъæлæстæ. Раджы дæ хъуыди афтæ. Дарддæр та куыд? Бадзи. Дарддæр... Фыр æфсæрмæй æртæ боны нуаздзынæн йæ тæккæ карзæй! X æ м ы ц. Æмæ цы кæны! Тынг, тынг зондджын уы- наффæ кæныс дæ цардьг фæндагæн! Б а д з и. Уæдæ куыд! Æвиппайды зын вæййы хи иннæрдæм рацаразын. Ч ы з д ж ы т æ. Дæ мæнгард хин митæ ныууадздзы- нæ? Б а д з и. Аргъуаныстæн, æгъгъа! (Йæхиуыл дзу- æрттæ æфтауы.) Хуыцауæй ард хæрын! Д ы к к а г ч ы з г. Æмбæлттæ, цæй куыд? Цавæр дзуапп ын уыдзæн? Б а д з и. Диля! Дæумæ кæсынц. Æз дзырд радтон, ард бахордтон ме ’мбæлтты раз. Цы ма акæнон дæ ра- зы. Оу, мæнæ царциатæ! Хæмьпц. Дилярæ! Суæгъд æй кæн, дæ хорзæхæй. Мæ бон æм хъусын нал у. Æххормаг бирæгъау ниуы æмæ ниуы. Д и л я р æ. Цæй, кæя сымах афтæ фæнды, уæд — раяы дæн. Б а д з и. Диля! Æмбæлттæ! Нæ мæ уьтрны, æцæ- гæй дæр мæ тæрхонæй уæгъд æрцыдтæн, уый, æцæг мын амнисти лæвæрд æрцыд. Нырма мын раст зæгъут, мæ зынаргъ æмбæлттæ, ахæм базыртимæ Хъазыбеджы хох рафæлдахдзынæн æви нæ? Оркестр. 121
Б а д з и (зары.) Уарзондзинады цæхæртæй Басыгъди мæ зæрдæ! Хор. Уарзондзинады цæхæртæй Басыгъди мæ зæрдæ. Б а д з и. Уарзондзинады уылæнтæ Ахастой мæн арвмæ. Хор. Уарзондзинад,ы уылæнтæ Ахастой мæн арвмæ. Б а д з и. УарЗондзинады дугъон бæхыл Æз æрзылдтæн зæххыл. Хор. Уарзондзинады дугъон бæхыл Æз æрзылдтæн зæххыл. Б а д з и. Адæм, адæм, стут мын адджыи, Ут мæ цинтæй хайджын, Фæзынд Л а з и н к а. Салам дæтты се ’ппæтæн дæр. X æ м ы ц. Фыдæлтыккон бутъро йæ дыууæ къахыл. Л а з и н к а. Рæдийыс, цыппар къахыл. Фæзынд Б е д ж ы з æ. 122.
Беджызæ. Салам уе ’ппэетæн дæр. Ку ар æ. Дæуæн дæр салам. Цы хабæрртимæ нæм« фæзындтæ? Б>е д ж ы з æу Мæ рæсугъд, демæ ауынаффæ^дем^æ/ лныхас кæныны тыххæй фæзындтæн. Л а з и н к а. Стæй — æхсызгон уынаффæ! К у а р æ. Уæхицæй райдайдзыстут дзурын, æви кæйдæр бардзырдæй? X æ м ы ц. Тæрхъус, дам, кæйдæр бардзырдæй уызы- ны ракуырдта. Б е д ж ы з æ. Æз ардæм хъазынмæ не ’рбацыдтæн. Л а з и н к а. Хъазгæ кæндзыстæм быдырьг. Куарæ (йæхи нæ баурæдта). Кæм ис Бора? Æз æм æнхъæлмæ куы кæсын. Б е д ж ы з æ. Гъе уый тыххæй æрбацыдтæн, цæмæй дзæгъæлы ма кæсай æнхъæлмæ. Бора горæтмæ ацыд къухдарæнмæ, йæ бæсты æрбацыдыстæм мах. Куарæ (йæхицæн.) Бора, Бора... Уæддæр та фæ- сайдта. (Беджызæйæн.) Æгæр раджы нæ ацыд къухда- рæнмæ? Л а з и н к а. Иæ тæккæ афоныл! Куарæ (цæхгæр). Дæ дзыхыл хæц! (Беджызæ- йæн.) Уый циу? Мæн фæрсгæ дæр куы нæ бакодта. Б е д ж ы з æ. Ахæм хъуыддаджы, мæ чызг, сылгой- мæгты фæрсгæ нæ фæкæнынц, стæй уынаффазгæнæг ни- куы вæййынц. Д и л я р æ. Уæ зæрдыл бадарут. Ныртæккæ сылгой- маг... X о р. Афтæ лæмæгъ нал у. ■ Яазинка (Куарæйæн). Мæхицæй куы зæгъон,уæд мæнæн мæ бон ницы у. Ку а р æ. Нæ, ма зæгъ. Рагæй йæ зонынц адæм. Дæ- уæн дæ бон у алы хъуыддаджы дæр дæ фындз фæтъыс- сын æмæ змæнтын. X о р. Кæс-ма йæм. Уæддæр та хъуыддаг æнæ уый нæ аразы. 123
Л а з и н к а. Бора зондджын лæппу у. Стæй усгур- тæи дæр хъæлæггаг у. Мæнæ куы бацæрат, уæд æй ба- зондзынæ. Куарæ (иуварсмæ). Цымæ дзы цы зæгъынмæ хъа- вы? Цы, ныхъхъуыды кодта? Хо р. Цы йæ фæнды? Кæдæм хъавы? К у а р æ. Ардæм фидауынмæ æрбацыдыстут? Афон- мæ дæр æй афтæ загътаиккат. (Беджызæйæн.) Цы ныхъхъус стут? Хор. Кæд æрбацыдыстут маст курынмæ, уæд кæсут æнхъæлмæ мастмæ дæр. Беджызæ. Дзуапп ратт. Разы дæ æви нæ? К у а р æ. Бирæ хъуыды ам ницы пайда у. X æ м ы ц. Хъуыды кæнын. О, ницы пайда у. Хор. Æппæт дæр æмбæрстгонд у! Æппæт дæр зындгонд у. Б е д ж ы з æ. Кæд дзуапп цæттæ у, уæд хорз. Мæнæ лæвæртты тыххæй тыхсгæ ма кæн. Дæу Бора уарзы, уынаффæ та — мах. Се ’рдæг сын ныххах кодтам. П а у з æ. Куарæ (тынг хиуылхæцгæйæ). Ууыл ма тыхс. Цы- дæриддæр дын æмбæлы, уыдон хъуамæ райсай. Б е д ж ы з æ. Гъе уый дын ныхас! Л а з и н к а. Уый фæстаг ныхас у? X æ м ы ц. Æппæты, æппæты фæстаг ныхас. К у а р æ (Беджызæйæн комкоммæ). Мæ фæстаг дзуапп зæгъ нæ хистæр, мæ зынаргъ Борайæн. Хуыцау- боны куыд æрбацæуа. Чындзæхсæвмæ æз алцæмæй дæр рæвдз дæн. Д и л я р æ. Куарæ, ды сæрра дæ! К у а р æ. Ныр ацæут! Кæннод... Иннæрд,æм куы ахъуыды кæнон. Беджызæ (Куарæмæ бацыд). Цæй уæдæ, мæ чызг, ардыгæй хуыцаубонмæ. (Яæ ныхæн ын аба код- та.) 124
Л а з и н к а. Азгъорон... Тæхон... (Беджызæ æмæ Ла- зикка ацыдысты.) X ъ æ л æ с. Ахъуыды кæн, Куарæ! Исчи афтæ кæ- ны! Хо р. Куарæ, ма сразы у. К у а р æ. Уæ ныхæстæм мæ хъусын нæ фæнды. Мæ* хъысмæт сымахæй аразгæ нæу. Хор. Ахъуыды кæн... Ма сразы у... Мах ахæм чын- дзæхсæв кæиын нæ фæнды. Куарæ (цæхгæр). Байрæджы! Ахицæн æй кодтон!' Куыд уæ фæнды, афтæ мæ хонут. Бафхæрут мæ. Æз æй... Æз æй уарзгæ кæнын. (Сабыр, йæхинымæры.) Ехх, уарзондзинад! Куарæйы æмбæлттæ тынг фæсмбнгондæй ацыдысты сындæггай’ алы рæттæм, фæстæмæ йæм фæкæс-фæкæс кæнынц. X о р. Ехх, уарзондзинад, куыд æнæнцой дæ, куыд.... Æмбæрзæн ÆРТЫККАГ АРХАЙД æхсæзæм ныа Æмдзæрæны агъуыст. Уæрæх рухс уат бæрæгбон арæзт. Рæбынæй’ рæсугъд фынг арæзт. Къуымы — телевийор;, уазалгæнæн, гæрстæх- сæн машинæ. Фынгыл — алыхуызон лæвæрттæ. Архайд райдайы ба- летон кафтæй. Дидинджытæ} бахæссынц, вазæты сæ> сæвæрынц! Балетон кафт — пантомимо. Музыкæ. Фæсивæд айстой сæхи. Рудзынгæй фæзындысты Д и л я- р æ æмæ Б а д з и — уатмæ стыр цымыдисæй бакæс-бакæс кæнынц.- Алырдæ/м акæстытæ! кодтой æмæ уатмæ’ ’бахызтысты. Бадзи. Ды ма ардæм æрбакæс, цытæ цæуы ам? Д и л я р æ. Кæсын, кæсын... 125
(Æнæхъыгдаргæйæ пъа кæнынц.) Б а д з и. Охх, афтæ мæм кæсы, цыма æз уыцы бæс- ты дæн. Д и л я р æ. Цæмæн уыцы бæсты? Б а д з и. Уымæн æмæ ацы дунейыл фесæфти мæ ныфс дæуæн апъа кæныны тыххæй! Уымæн æмæ æппы- нæдзухæй дæр тызмæг уыдтæ. Д и л я р æ. Æз ныртæккæ дæр тызмæг дæн. Б а д з и. Цæй тыххæй? Д и л я р æ. Нал æй зонын, цæй тыххæй. Фæлæ дын -уæддæр нæ ныххатыр кæндзынæн. (Ноджыдæр та ^дæргъвæтин пъа кæнынц.) Оркестр. Д и л я р æ (зары.) Хæххон фæндаг кæд къулау дæ, Æз дыл уæддæр ысхиздзынæн. Б а д з и (зары.) Чызгай, сызгъæрин хурау дæ Мæ фæлмæн армы ’рисдзынæн. Дилярæ. Цы кæсыс дымгæ мæсчъытæй, Æви дæ хъару асасти? Б а д з и. Чызгай, дæ фæлмæн цæстытæй Мæнмæ мæ амонд ракасти. Д и л я р æ. Хæххон рагъæн хæрз æнцонæй Ныккæрдæн ис йæ кæрдæг дæр. 126
Б а д з и. Чызгай, тæлфы æнæнцойæ Мæ зæрдæйы дæ зæрдæ дæр. Д и л я р æ. Хæххон дон уайы цырддæрæй Нæ фæзтæм комы нарæгæй. Б а д з и. Чызгай, дæ дæрзæг дзырд дæр мæм Кæсы рæсугъддæр зарæгæй. ’ Д и л я р æ. Цы суадон уайы лакъонæй, Нæ фæбæззы уый нуазынæн. Б а дз и. Чызгай, мæнæн куы бакомай, Уæд дæ тыхджындæр уарздзынæн. Кафынц. Б а д з и. Хъус-ма... Ды нæ тæрсыс, ам нæ куы ’рбай- йафой, уымæй? Д и л я р æ. Æмæ æвзæрæй цы аразæм? Бадзи. Куыд цы аразæм? Гыццыл сывæллæттау æрбахызтыстæм се ’ппæты разæй. Худинаг у!.. Д и л я р æ. Худинаг нæу, фæлæ тæссаг. Куыд уы- дзæн? Ацы хатты чындзæхсæв’ мæм куыддæр кæсы...- Æндæр хуызон... Б а д з и. Æз æй бараст кæндзынæн. Иууылдæр уы- дзæн амондджын. Хорз. Тынг хорз, мæныл баууæнд. Д и л я р æ. Цал сахаты у? Бадзи (йæ сахатмæ кæсы). Раст æрдæг. Д и л я р æ. Æрдæг? Кæцы сахатæй? Бадзи. Бæрæг нæу. Мæ сахаты фат асасти. 127
Дилярæ. Афтæмæй мах чындзæхсæвмæ байрæ- джы кодтам. (Айхъуыста.) Æнхъæлдæн чидæр æрба- цæуы. Цы сарæзтæуа? Бадзи. Ахизæм фæстæмæ. (Æвиппайды ахызтыс- ты дыууæйæ дæр.) Фыццаг чызг (фæрсагæй бакасти). Цыма дзы ничи ис. Дыккаг чызг (къæсæрæй). Рахизут, фæсивæд. Ма тæрсут! Æртыккаг чызг. Ой, куыд хорз у ам! Ф ы цц а.г л æ,п п у. Дыууæ бæрæгбоны æрвитдзыс- тæм иумæ, чындзæхсæв æмæ ног хæдзары куывд. Ф ы ц ц а г ч ы з г. Бæрæгбон хъæлдзæгдзинадæй .фидауы. Ам та... Д ы к к а г ч ы з г. Раст зæгъыс. Хъыг мын у Куа- рæйы тыххæй. Æз уый бынаты афтæ нæ бакодтаин. Æртыккаг чызг. Дæу та йæ бæсты дзуапп- дæттаг ничи кæны йæ уарзондзинад æмæ йæ хъысмæ- тæн. Чызг (къæсæрæй). Ам ис Хъæстуаты чындзæхсæв? X ъ æ л æ с. Ам, ам... Рахиз мидæмæ. Æрбацыдысты ф æ с и в æд, сæ фæстæ фæзынд X æ м ы ц. X æ м ы ц. Фæсивæд, хъæлдзæгдæр ут, куыд уæ •фæнды, афтæ. Уæддæр чындзæхсæв. Д ы к к а г ч ы з г. Уæдæ минæвæрттæ бацархайд- той?! X æ м ы ц. Ам минæвар цы давы. Кæрæдзи куы нæ уарзтаиккой, уæд минæвæрттæ ницы сарæзтаиккой. Хъуыддаг минæвæрттыл нæу. Ф ы ц ц а г ч ы з г. О, ма зæгъ! Хацъæты Гаффийьг тыххæй ракурын кодта. X æ м ы ц. Куыд тыххæй ракурын кодта Гаффийы? Бахатыр кæнут, фæлæ йæ дуджы Лазинкайæн йæ зæр- дæ мæнмæ æхсайдта. Бауырнæд уæ, мæ фæдыл иу-дыу- ;уæ голладжы æхсынæн æхсыд фæуыдаид. Гъе уыйбæрц 128
фæсæпп-сæпп ласта мæ фæдыл. Фæлæ йæ хъуыддагæй ницы рауадис. Хъалæстæ. Æрбацæуынц! Æрбацæуынц! X æ м ы ц. Басабыр ут. Кæй кой кæнай — къæсæр- мæ. Æрбацæуынц Беджызæ Тепсарыхъойы фырт æмæ Бора Беджызæйы фырт Лазинка Тæпсийы чызгимæ. Сæмбæлут сыл... Дуар уæрæх байгом вæййы æмæ къæсæрыл фæзынынц уæлахизхæс- джыты хуызæн Беджызæ, Бора æмæ Л а<:э) и>н юа. Ла- зинка — тынг арæзт. Мидæмæ, нæ буц уазджытæ! Алыбон æгас нæм цæут, фарны уазджытæ фæут. Беджызæ. Стыр бузныг уе ’ппæтæн дæр. (Акæс- тытæ кодта уаты къуымтæм.) Хатыр. Кæй зæды бадæн у ацы хæдзар? X æ м ыц. Уый нæ колхозы лæвар у уæлахизхæссæг кæстæртæн, сæ иумæйаг ног царды тыххæй. Л а з и н к а. О, о! Гъе уый дын царциатæ, гъе! Беджызæ (Борайæн). Хæдзар сæ куы нæ агуырд- там. Б о р а къуымтæм ракæс-бакæс кæны. Кæс-ма, куыд тагъд сæ æрбамбырд кодта. Ды та ме- мæ быцæу самадтай. Цы дзы агуырдтам, уыдон уæл- дайджынтæй ацæттæ кодта. Б о р а (ныуулæфыд). Уынын, фæлæ... Б е д ж ы з æ. Хæдзары дзаума хорз... Телевизор дæр хорз... Б о р а. Æгъгъæд у мæ фыд! Ацы гарнитур мæ хъуы- ры цæхгæр ма ныллæууа. Б е д ж ы з æ. Дæуæн цæхгæрмæ лæууы, фæлæ ин- нæтæ фырхæлæгæй сæ былыцъæрттæ æхсындзысты. Цы кæныс, цы? Дæ хъустæ цыдæр æруагътай? Б о р а. Нæ зонын, нæ зонын. Адон, цыма, хорзæр- дæм... 5 Лавео Мæхъиты 129
Б е д ж ы з æ. Æз афтæ æнхъæл дæн, цыма дæхæдæг ардæм фæчындз уыдзынæ. (Борамæ цæхгæр фæкаст.) Æрбаздæхт X æ м ы ц хъæлдзæгæй. Йæ уæлæ ирон фæлыст. X æ м ы ц. Бора Беджызæйы фырт. Цалынмæ чындз- мæ æнхъæлмæ кæсæм, уæдмæ уал аныхæстæ кæнæм. Зæгъ-ма, Бора, чындзæхсæвы фæстæ цы куыст кæндзы- нæ? Бора. Нæма йыл ахъуыды кодтон. Чындзæхсæвы фæстæ йыл ахъуыды кæндзыстæм. X æ м ы ц. Омæ ам цы хъуыды кæнын хъæуы? Хъуыддаг бынтон хуымæтæг у. Кæнæ къухтæ дзыппы- ты, кæнæ та — кусгæ. Кæннод та пецы фарсмæ бад. Бора (фæтæргай ис). Хæмыц! (Сындæггай.) Цæ- мæй йæ базыдтай? X æ м ы ц. Цæй тыххæй? Бора. Пецы тыххæй. X æ м ы ц. Фæлæуу-ма, цæуыл сусу-бусу кæныс? Ца- вæр пецы кой кæныс, зæгъ æй æргомæй?- Л æ п п у т æ. Æппын фæстаг ма нын зæгъ, цы куыст- гæнæг дæ? Б о р а. Æз... Æз, уый... кæцы (йæ къух ауыгъта.} Дæлдзæх фæуæнт се ’ппæт дæр. Мæ бон нал у дарддæр! Хæринаггæнæг дæн! Хæринаггæнæг! Шеф-повар! Æм~ бæрстгоид уын V гъеныр? X æ м ы ц. Æмæ дæхи цæмæн тыхсын кæныс? Цæ- мæй дæ зæрдæмæ нæ цæуы дæ куыст? Алкæмæн дæр адджын. Се ’ппæт дæр дæуæй разы. Суанг ма министры хæдивæг дæр. Цæмæй æвзæр у? Б о р а. Æцæг зæгъыс? X æ м ы ц. Æз гæдьт ныхас никуы кодтон. Бор а. Кæд афтæ у, уæд фæрсут дарддæр. Æз уын ’æнæрхæцгæйæ дзуапп дæтдзынæн. Ф ы ц ц а г л æ п п у. Парашютæй пецмæ æрхызтæ? Бора. Афтæ æвиппайды рауад... Æнæнхъæлæджы.... Дснджызон куы уыдтæн, уæд мæ баурæдтой раздæр Ы
жартофсыгъдæггæнæгæй, стæй сдæн хæринаггæнæджы хæдцвæг, стæй та... Стæй та — хистæр хæринаггæнæг. X æ м ы ц. Сæрæн каст кæныс лæппу! Фæлæ симды куы бацæуай, уæд дæ симд кæронмæ ахæццæ кæн æмæ ууыл фæсмон ма кæн. Бора. Ныр бынтон æндæрхуызон ацæудзысты мæ хъуыддæгтæ, фæкæсут-ма-иу. Кæс-ма, мæ зæрдæйæн дæр æнцондæр фæци. Раст зæгъгæйæ, мæ ацæуыны агъоммæ Куарæйæн... Æрцæудзынæн дæм уæлахизимæ хъæбатырæй... æмæ уый фæстæ кæс æмæ — хæринаггæ- нæг! X æ м ы ц. Хæринаггæнæг дæр . хъуамæ суа хъæба- тыр! Æрмæст алчи нæ. Ды йæ, мæнмæ гæсгæ, кæронмæ нæ ахæццæ кодтай. Зыны дыл. Б о р а. Ахæццæ йæ кæндзынæн, Хæмыц. Æнæмæн- гæй ахæццæ кæндзынæн! Ныр ма мын сымах мæ фарс- тæн дзуапп радтут: кæм ис мæ зынаргъ Куарæ? Цæ- уыннæ цæуы ардæм? Хъæлæс. Дæлæ æрбацæуы... Акæс-ма йæм! 'Се ’ппæт дæр се ’ргом сарæзтой дуармæ. Фæзындысты дыууæ лæп- пуйы чындзы фæйнæ фарс. Чындз — ирон къабайы. Иæ цæсгом хы- зæй æмбæрзт, йæ фæйнæфарс — къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын. Б о р а цымыдисæй кæсы чындзмæ. Сындæггай йæм бацыд, нæ къух ын исы, йæ хыз ын хæрдмæ сæппæрста. Чындзы дарæсы — Д и л я р æ. Б о р а. Мæ хо Дилярæ! Æмæ уæд кæм ис?.. Куарæ хъуамæ уа чындзы дарæсы. К у а р æ фæсивæды фæстейæ рахызт размæ. К у а р æ. О, фæлæ чындзæхсæв дæу нæу. Б ор а. Уый та куыд? Куыд нæу мæн? Зæгъут-ма — уæдæ кæй у? X æ м ы ц. Абон нæ бæрæгбон у. Дилярæ æмæ Ба- дзины чыидзæхсæвы тыххæй... 131
Фæсивæд фæйнæрдæм алæууыдысты. Се ’хсæнæй рацыд Б а д з и’ ирон дарæсы æмæ кæронæй æрлæууыд. Беджызæ. Ницы æмбарын! Мах æрбацыдыстæм Челеты чыидзæхсæвмæ. Ч ы з д ж ы т æ. Афтæ, афтæ... Кæс-ма, кæцырдæм’ æй фæзылдтой. Б о р а. Куарæ! Уæд мах та? К у а р æ зæхмæ кæсы, ницы дзуры. Цæй-ма, цы ныхъхъус дæ? Зæгъ æй æргомæй. К у а р æ. Зæгъдзынæн. Нæ хъæуы нæ дыууæйы дæр« тагът, кæнын, кæннод ныл, мыййаг, р^едыд куы ’рцæуа. Бора. Æппæт дæр бамбæрстон. Æппæт дæр! Ды мтка;н æндæр усгуры тыххæй бакодтай ахæм ми. Зыд- тон æй æз, ды уый уарзыс. Ды уымæ цæттæ кодтай дæ- хк чындзы! Ды мæнæнуый тыххæй цалдæр хатты дзырд- тай. О, о, зæгъ, афтæ нæу? К у а р æ. О, уый афтæ у. Ис мæнæн ахæм лæппу... Б о р а. Уынут! Ис ын, ис ын! К у а р æ. Æз дыи æцæгæй дæр дзырдтон уый тых- хæй. Бора (æртхъирæнгæнæгау). Цæй, кæд ыл басастæг уæд ма дæхинæн уыцы зын бакæн, æмæ йæ мæнæ адæ- мæн се ’ппæты раз зæгъ, чи у, уый дæр. Куарæ. Табуафси, зæгъдзынæн æй уе ’ппæтæн дæр. Уыцы лæппу у Челеты Бора Беджызæйы фырт. Б о р а. Æз?... Æз ницыуал æмбарын. Хъæлæстæ. Куарæ, бамбарын ын æй кæн, цæ- мæй йæ зона. К у а р æ. О, уый ды дæ. Æрмæст ныр цы хуызæн дæ, ахæмæй нæ. Бора. Ома цахæмæй? Зæгъ мын æй æххæст. К у а р æ. Мæ къай... Уый у, мæ царды бонты рæ- сугъд амонд кæимæ дих кæндзынæн, уый. Никуы мæни- 132
цæмæй асайдзæи, никуы ницæуыл баивдзæн йæ сыгъ- дæг уарзондзинад. Б о р а (тынг тæвдæй). Æз никуы хъуыды кодтон дæу асайыныл. Никуы. Бамбар мæ. Мæ фыд мæ арвыс- та. Загъта мын, æнæ къухдарæн фидыд нæ вæййы. (Йæ фыд æмæ Лазинкамæ æртхъирæнгæнæджы каст бакод- та.) Б е д ж ы з æ (зæхмæ ныккаст, йæхи ныхъхъус код- та). Гъы... Гъм... Б о р а. Стæй та... Стæй ма мæ фыд загъта, зæгъгæ, дам, демæ ныхас кодтон. Алцыдæр, дам, йæ бынаты ис, алцæмæй дæр, дам, разы у. (Яæ фыдмæ та бакаст æрт- хъирæнгæнæгау). Афтæ нæ загътай, мæ фыд? Беджызæ ницы дзуры., Рацæут, дам, нæ чындзæхсæвмæ. Куарæ. Æмæ лæвæртты тыххæй та? (Бора ницы- уал сфæрæзта дзурын.) Æмæ ды мах... Нæ дыууæйы ’хсæн цы ныхас уыдис, уый фæстæ дæу бауырныдта, ал- иыдæр йæ бынаты ис, зæгъгæ, уый? Бора (æртхъирæнгæнгæ). Гъеныр æй бамбæрстон. (Йæ фыдмæ.) Цытæ мын бакодтай дæ фыдæлтыккон уæздан æгъдæуттæй! Мæ цард мын фехæлдтат, мæ амонд мын уæ цъыф къæхтьт бын сæууæрстат. Б е д ж ы з æ. Ацу æмæ гуымыдза фысæн дзуапп ратт. Ехх, ды... Гугын! К у а р æ (рæвдаугæйæ). Иæ ныхмæ лæууыдтæ, зæгъгæ, загътай, фæлæ дæ бартæ, дæ рæстдзинады сæ- рыл фæуæлахиз дæ бон нæ баци! Мæ курæг афтæ нæ бакодтаид. Раджы у нырма махæн чындзæхсæв аразы- нæн. Ч ы з д ж ы т æ. Махмæ дæр афтæ кæсы. Куарæ (Беджызæйæн). Хатыр дæ курын, нæ хис- тæр, раст зæгъгæйæ, æз тынг фæтарстæн ,уыцы лæвæрт- тæй. Æнæхъæн хъæццулы йас фыст номхыгъдæй. Б е д ж ы з æ. Хатыр, мæ чызг, Куарæ. Æз дæр дын 133
æргомæй зæгъдзынæн. Куыд хистæр, афтæ. Мæ хур, Куарæ, мах нырма ирон адæм стæм. Æмæ ирон адæмы фарн, ирон адæмы рæсугъд æгъдæуттæн мæнмæ æмæ дæумæ нæма æрхауд сæ фехалын. Ирæд æмæ лæвæрттæ нæ фыдæлтæй баззадысты, ме ’рымысгæ не сты. Уый дын иу. Иннæмæй та мæнæн бирæ хæстæджытæ ис. Уы- донæй алчидæр хæстæджы охыл æрцæудзæн мæ хæдзар- мæ, мæ иунæг лæппуйы чындзæхсæвмæ. Æмæ уыдонæй алкæмæн дæр йæ хызыны исты æвæрын хъæудзæн æви нæ? Сæхæдæг стыр хуынтимæ, лæвæрттимæ æрцæудзы- сты. Гъе ууыл нæ алкæмæн дæр ахъуыды кæнын афон у. Куарæ (тыхстæй). Беджызæ Тепсарыхъойы фырт, бахатыр кæн. Гъе уыдон мæнмæ гæсгæ сты фæлитой ми- тæ, мæнгарддзинæдтæ, рахизæй сæ райс æмæ сæ гали- уæй ратт. Се ’ппæтæн иухуызон кæм ратдзынæ. Цауд- дæр лæвар кæмæн радтай, уый дæм туджджыны цæс- тæй кæсдзæн цæрæнбонты. Кæй хъæуынц уыцы лæвæрт- тæ?^ Беджызæ. Фæлæуу-ма. Кæд афтæ цæхгæр ныл- лæууыдтæ лæвæртты ныхмæ, уæд мæнæ адон цæмæн æрæмбырд кодтай... X æ м ы ц. Уыдон совхозы, йе ’мбæлтты лæвæрттæ сты. Фæлæ дæ чызджы фæдыл цы лæвæрттæ æрбарвыс- тай, уый нæ уынын. Беджызæ Тепсарыхъойы фырт, раст дын загъта Куарæ. Сидзæр чызгæй цытæ домыс? Би- рæгъ куы фестадтæ. Беджызæ. Хæмыц, æгæр стыр бартæ нæ райстай дæхимæ? Ыæ хъуыддæгты дæ фындз куы нæ тъыссис, уæд хуыздæр уаид. X æ м ы ц. Беджызæ, хатыр. Куарæйæн кæд æз йæхи фыд нæ дæн, уæддæр мæ иунæг хойы чызг у æмæ йæ æфхæрын никæмæн бауадздзынæн, æз æй схъомыл код- 1юн. Цæмæн æрвитыс Куарæмæ минæвæрттæ. Мæнмæ цæуылнæ æрбарвыстай. Дæхи ирон куырыхон дзырд- дзæугæ лæг куы хоныс. (Беджызæ йæм ныккасти.) Цы мæм ныккастæ? Нæ дыууæ сæ нæ халдзыстæм нæ фы- 134
дæлты æгъдæуттæ. Ирæд нæ фыдæлтæй баззад, зæгъгæ, загътай æмæ дæ æз дæр домын мæ сидзæр чызджы тых- хæй ирæд — табуафси, æрбаппар ма, цъындайы дæм нымадæй цы æхцатæ ис, уыдонæй иу-дыууæ мины. Фæ- лæ ма тæрс, искæй нард куывдæй дæуæй куыдз стæг нæ фендзæн. Лазинка. Æгъгъæд, æгъгъæд! Мæ бон дæм хъу- сын нал у. Ахæм сайды фæстæ сымах тæрхондоны раз æрлæууиккат, фæлæ гъа. (Хæмыцæн) Кæд æцæг Хуы- цау ис, уæд дæуæн де ’взаг, дæ зæнгтæ хъуамæ ахус кæ- на. Уе ’ппæтæн дæр. Б е д ж ы з æ (Лазинкайæн йæ дзых ахгæнæгау код- та). Уæддæр ма дзурыс? (Се’ппæтмæ.) Мæн аххос- джын кæнут, фæлæ æппæт ацы дæлимон сызмæста. Æппæт аххостæн ай у сæ райдайæг! Л а з и н к а. О, ме скæнæг! Мæнæ цытæ ралæхурд- та! Чи мын лæгъстæ кодта, цæмæй дын дæ фыртæн хъæздыг чызг... Б е д ж ы з æ. Фæлæуу, фæлæуу! Æмæ мемæ та чи базар кодта фынддæс проценты тыххæй? Лазинка. Кæсут-ма ацы рувасмæ. Чи базар код- та мемæ дыууæйы фæлыст цырыхъхъыты тыххæй? Б е д ж ы з æ. Куыд дæ уромы уыцы хуызæнæй зæхх! Л а з и н к а. Дæхионы æфхæрыс? Дæ базары амонд æрбайсæфæд, дæ цард цæрæнбонты иунæг нуры дæр ма- уал æрбауæй кæн, дæ кæрчытæ фæхæдмæл уæнт æд æйчытæ. I X æ м ы ц (къухмæрзæнæй йын йæ дзых ахгæдта). Иу ныхасы бар! Махмæ ахæм æгъдау æвæрд уыди: йæ тæвд-иу уæлæмæ кæмæн ныццавта, уый-иу найгæ кодтой уазал доны. X ъ æ л æс. Раст у: æруазал æй хъæуы! Фæцырд ут, фæспвæд! Фæсивæд йæ алыварс амбырд сты. 135'
Л а з и н к а. Æз уый бар нæ ратдзынæн! Гъей, фæ- дис! Ацахсынц æй. Б е д ж ы з æ. Афтæ йын хъæуы! Хæсгæут æй æмæ йæ æпхъизæны ныппарут. Цæй, цом Бора. (Фæзылд Бо- рамæ.) Цы фæци, цы! Цырагъ æрхуыссыд, сценæйы цалх азылдис. Цырæгътæ ссыгъдысты. Сценæйы зыны рæвдз аив уат. Бæрæгбон арæзт. Раст Диля- рæйы уат куыддæриддæр цæттæ у, афтæ, суанг телефоны онг. Дуар байгом. X æ м ы ц æмæ Б е д ж ы з æ æрбацыдысты. Бе- джызæ цымыдисæй кæсы алы’рдæм. Хæмыц (телефоны хæтæл систа). Нæ хо, авæр ма мын дыууын æмæ дыууын дыккæгæм. Уæ хорзæхæй. Ра- цæут. О, цæттæ у алцæмæй дæр... О, о, о. Б е д ж ы з æ (тыхстæй). Хæмыц, иу фарста... Хæмыц. Æрмæстдæр иу секунд, Тепсарыхъойы фырт. Дуар уæрæх байгом æмæ ^æрбахызти Куарæ чындзы дарæсы, йæ фæйнæфарс дыууæ лæппуйы, сæ фæстæ ирон дарæсы Б о р а лæппу- тимæ Д и л я р æ чызджытимæ, фæсивæд се ’ппæт дæр.< Д и л я р æ (Хæмыцæн). Бахатыр кæн, Хæмыц! Мæн фæнды дыууæ ныхасы зæгъын мæ фыдæн мæнæ ацы хорз фæсивæды раз. Баба, æз æцæг сфæнд кодтон чын- дзы ацæуын... Æрмæст æнæ дæу бафæрсгæ нæ цæуын. Уыныс, мæнæ ацы уат бацæттæ, балæвар кодтой совхо- зы кусджытæ Куарæйæн алыхуызон лæвæрттимæ, фæл- лойы Хъæбатыр кæй у, уый тыххæй. А дыууæ боны йæ уе ’ппæт дæр фехъусдзыстут. Ныхасы бар мæ чындз Куарæйæн. Уыцы рæстæджы Б о р а йæхи аивæй айста. Куарæ (æфсæрмы кæнгæйæ). Баба, хатыр. Æр- мæстдæр иу курдиат: бар нын дæттыс Бораимæ нæ цард баиу кæнынæн? 136
Б е д ж ы з æ (фырæфсæрмæй цы акæна, уымæн ни- цы зоны æмæ зæхмæ ныккаст.) Мæ хъæбул, Куарæ! Ку- рын дæ тынг зæрдиагæй: мауал мæ æфхæрут. Чи фæрæ- дыд, уый — æз. Лæг йæ карæй куы фæхицæн вæййы, уæд æм хорздзинæдтæм æнхъæлмæ кæсæн нæй... Мæ хъæбултæ: Куарæ, Бора, Дилярæ, Бадзи, амондджынæй фæцæрут. Абон мын мæ цæстытæ байгом кодтат. Стыр бузныг нæ совхозы хицауадæн, сæ цæрæнбонтæ бирæ уæнт. Арфæйаг фæут уе ’ппæт дæр! X æ м ы ц. Беджызæ! Цыппар зæрдæйы кæрæдзи ссардтой æмæ сын абон нæ хъæуы фæсивæд афтæ арфэе кæнынц. Æмæ арфæйаг уæнт, Беджызæ. Фыццаг чын- дзæхсæв Бора æмæ Куарæйы у, дыккаг та Дилярæ æмæ Бадзийы. Федтат? Уыдон дæр цæттæ сты. Сæ уæттæ æмкъул сты. Бадзи (Хæмыцмæ). Хæмыц Созырыхъойы фырт. Бахатыр кæн, дыууæ ныхасы. Бар мын кæд ис, уæд. X æ м ы ц. Бадзи, уæдæ ма кæмæи ис ныхасы бар. Табуафси! Бадзи (Беджызæмæ). Баба, нæ чындзæхсæвы раз- мæ уал мæ хæсæй куы ахицæн уаин, уый мæ фæнды: (Йæ цухъхъайы ронæй исы æхца.) Беджызæ. Ма мæ худинаг кæн. Ды мæнæй ницьг дарыс... Æз мæхæдæг дæн дæуæй хæсджын.,. Б а д з и. Нæ, нæ ,Баба, нæ хæстæгдзинлд уымæй нæ фехæлдзæн, айс, машинæйы тыххæй дæ кæй райстон, уыдон, стæй цыппар сæдæйы. Б е д ж ы з æ. Уыдон та дын цавæр цыппар сæдæйы сты? Б а д з и. Дилярæ дæ цы цыппар сæдæйы райста, уыдон. Дæ нурыты боцкъа дæр хæдзар ссардта фæстæ- мæ. Беджызæ (Хæмыцмæ). Хæмыц, курын дæ æмæ сæ мæ бæсты райс, æмæ сæ чындзæхсæвты цы хъæуы, ууыл бахардз кæнын кæн. 137
X æ м ы ц. 0, нæ. Цы хъæуы, уый нырæй фæстæмæ дæхæдæг араздзынæ... Райс сæ! Б е д ж ы з æ райста æхца. Пыр та, фæсивæд — циндзинад. Фæлæуут ма, Бора кæм ис? Тагъд æй ссарын хъæуы! Фæталынг. Э п и л о г Тыххæй хуылыдзæй æрбалæсæгау кодта Л а з и н к а, йæ дзыккутæ йæ цæсгомыл æркалдысты, йæ къухы йæ хызын. Л а з и н к а (архайы йæхи дзæбæхтæ кæныныл). Фæлæуут! (Æртхъирæн кæны тымбыл къухæй.) Æз уын фенын кæндзынæн. Æрбайхъуыст хъæлæстæ. Лазинка алыгъди сценæйæ. X ъ æ л æ с. Ам дæр нæй. X æ м ы ц (йæ къухтæй амоны алырдæм, фæссценæ- мæ.) Ф æ с и в æ д фæзындысты., Ссардтат æй? Мæнæ йæ ам куыд æрлæууын кæнат, афтæ. Бамбæрстат?! Лæппутæ. Бамбæрстам! Ч ы з д ж ы т æ. Хæмыц, æмæ йæ уæд та не ссард- той? Уæд та куыд? X æ м ы ц. Нæ фесæфдзæн, судзин нæу! Дыууæ лæппуйы Б о р а й ы тыххæй ласæгау æрбакодтой. Фыццаг лæппу. Дæ бардзырд дын сæххæст кодтам. • Дыккæг л æ п пу. Сæфт ссардтам. Йæ бынаты æ’рлæууыд. X æ м ы ц. Бузныг, фæсивæд. Ныр рæвдз кæнут чын- дзæхсæв. 138
X æ м ы ц и м æ ацыды’сты ф æ с и в æ д. Б о р а иунæгæй • лæу- уы чызджытимæ. Æрбацыд К у а р æ. Бора (æфсæрмыгæнæгау). Куарæ. Цæй, цы дын зæгъон... Куарæ (рæвдаугæйæ). Бора, æмбарын дæ. Цыуы- ди, уыдон ферох кæнæм. Бора. Æрмæстдæр иунæг ныхас. Ард хæрын дæ разы: ссардзынæн, æппæтæй мын зынаргъдæр чи у — лæджы бæрзонд чи исы, уыцы ном... Æцæг уарзондзи- над мæм æнусмæ уыдзæн раст æмæ сыгъдæг. К у а р æ. Куы уарзай, уæд æй ссардзынæ! Фæсивæд сæ алыварс æртыхстысты. Оркестр. Куарæ, Бора (зарынц.) Уарзондзинад ихтæ дæр сæтты, Уымæй ницы ис тыхджындæр, Уарзондзинад амæндтæ дæтты, Уымæй ницы ис ныфсджындæр. Уыцы рæстæг æрбацыдысты Б а д з и æмæ Д и л я р æ. Семæ ныззарыдысты. Уарзондзинад у æрттиваг зынг, Зæрдæйы йæ фæлмæн хъармæй тавы. Уарзондзинад — хурзæрины тын. Адæймаджы æнкъарддзинад сафы. Æрбацыд X æ м ы ц , æрбакалдысты ф æ с и в æ д.
МЫХЪО НАНАЙЫ УСГУР ЛÆППУ У Дыууæархайдон сатирикон комеди АРХАЙДЖЫТÆ М ы х ъ о — 45 аздзыд. Афон—-21 аздзыд. Е р м о — 35 аздзыд. М ы ц æ — 20 аздзыд.) Г и г и л а — 20 аздз-ыд. ФЫЦЦАГ АРХАЙД Архайд цæуы Дзæуджыхъæуы. Нæуæг арæзт фондз уасг- ладзыгон хæдзар. Ацы хæдзары цæрынц аразджытæ: фæсивæд чыз- гæй-лæппуйæ. Хæдзары раз цæхæрадоны æнгуз бæласы бын даргъ бандон. Сæрдыгон хур бон. Бандоныл бадынц М ы ц æ æмæ М ы - хъо. Мыцæйыл хуымæтæджы сæрдыгон тæнæг къаба. Мыхъойыл та — бур вельвет костюм, йæ сæрыл урс-урсид къепкæ. Мыхъо. Кæд хъазгæ нæ кæныс, уæд хъус... Мыцæ. Уый та ма цавæр хъазт у? Гигилайы фæс- тæ сæпп-сæпп кодтай, ныр та мæ фæстæ згъорын рай- дыдтай? М ы х ъ о. Мæнæ цæй æнæрхъуыды дæ, мæнæ! Гъе- ныр цытæ дзурыс! Куыд згъордтон Гигилайы фæстæ? Мыцæ. Дæ гæггытæй, куыд-иу фезгъорынц, афтæ. Мыхъо. Гъе, æрмæст иннæтæ куыд фезгъорынц, 140
#фтæ нæ. Æз... æз... æз мæхи идеалтæй цæрын сæрмагон- дæй... Æз иннæты хуызæн къуыввиттæй нæ цæрын, ис мæм æфснайæн кассæйы дæр æхца цæрыны фаг, кæимæ цæрон, уыцы æфсины фаг... Стæй, мæ хур акæнай, се ’ппæтæн дæр зындгонд у, расыггæнаг дæр кæй нæ дæн. Мыцæ. Дарддæр, дарддæр. Мыхъо. Гигилайæн та йæ сæры мидæг ис æрмæст- .дæр лудрæтæ-мудрæтæ, коктелтæ. мотелтæ, къафеттæ, ресторантæ... Ноджы экскурситæ. Уыдæттæ махмæ нæ хауынц, Мыцæ... М ы ц æ. Ома, кæмæ махмæ?! М ы х ъ о. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæнмæ, Мыхъо Лауызы фыртмæ, æз мæ фæллой дымгæмæ нæ дарын... Мæнæн мæ разы егъау хæстæ æвæрд ис... Мыцæ, зæгъ ,мын æргомæй, фæнды дæ мемæ цæрыц æцæг адæмтæ куыд цæрынц, афтæ? Ахъуыды кæн, мæ дзæцц, стæй уæд баныхас кæндзыстæм бæлвырддæр. М ы ц æ. Гигилаимæ нæ баныхас кодтай? Мыхъо. Хуыцауы тыххæй, Мыцæ, Гигилайы де,: ’взаджы алгъыл цы дарыс? Мыцæ, цал хатты ма дын •æй бамбарын кæнон? Гигила уæлæнгæйтты дары йæхи, йæхи сæрымагъзæй æппындæр нæ кусы, нæ хъуыды кæ- ны, гуымыдза хъуыдытимæ цæры. Модæтæ, кофтытæ, къафеттæ æмæ афтæ дарддæр... М ы ц æ. Мыхъосæ, æмæ уæд æз та? Дæумæ гæсгæ .æз та куыд дæн? М ы х ъ о. Мыцæ, ды зæды къалиу дæ, ды мах мады зæнæгæй дæ, æз уымæ гæсгæ зæгъын æмæ нæ дыууæ дæр иумæ зондджын хъуыдытимæ цæриккам æмæ фæл- лой кæниккам. Гигила та цы сараздзæнис? Æрмæстдæр у финфилиа. Гъеныр мæ бамбæрстай? М ы ц æ. И? Кæронмæ нæма. Мыхъо.. Ныртæккæ мæ бамбæрдзынæ. Ахæм уы- наффæ мæм ис. Мæнæн ис нана, мæ фыды мад. Цæры Ирыхъæуы, Къостайы уынджы. Мæ нана—Мамсырон :ацæргæ зæронд ус у, дæс æмæ йыл цыппарыссæдз азы 141
цаеуы, не ’ппæт хæстæджытæй йæм мæнæй хæстæгдæр нæй. Ахъуыды кæн дæхæдæг; мады зæнæджы хъæбу- льГхъæбул. Уымæй зынагъдæр цы ис? Ницы. Зыбыты* иунæгæй цæры, мæн йеддæмæ йын ничи ис а дунейыл,; уарзы мæ куыд сидзæр лæппу. Цæры дыууæ æддæгуæ- лæ хæдзары. 15 уаты дзы фыццагæй дыккаг уæладзыг- мæ. Ыздухгæ æфсæйнаг асинтæ. Йæ верандæ — дыууа- д’æс метры. Цæхæрадон—18 сæдæ метры. 25 фæткъуы бæласы: чылауитæ, чъерамитæ, сæнæфсиртæ, æхсæртæ.-1 Гогызтæ, кæрчытæн нымæц дæр нæй. Гъемæ мæм фæ- дзырдта æмæ афтæ зæгъы: æз, дам, бирæ нал фæцæр- дзынæн æмæ, дам, иу бонзонгæ чызджы æрхæссæм æмæ,, дам, мæ мулк уæ мулк уæ дыууæйыл ныффысдзынæн. Хæдзары хуылфы цыдæриддæр дзаума ис, уыдон иу- уылдæр, Мыцæ, ныртæккæ уæй кæныс, уæд дзы балхæ- нæн ис Волгæ... Нивæ базартæм йеддæм згъорынмæ. Мыцæ, ахъуыды ма кæн, ахæм фæллоимæ ацæрæн ис æви нæй? Суанг ма хæлæггаджы цардæй дæр цæрæн ис? Мынæ. Ай-гъай, цы ма хъæуы цæрынæн æндæрГ Амондджын уыдзæн уыцы чындз, уыцы галуанты чи æр- симдтытæ кæндзæн чъерамитæ хæргæйæ, фæлæ уал ца- лынмæ уыцы чындзы хæссай, уæдмæ та кусгæ чи кæн- дзæн, Мыхъосæ? Кæд райдайдзынæ кусын? М ы х ъ о. Кусгæ дæр цæуылнæ. Нæ горæты хуыз- дæр кафсл-æвæрджытæй мæнæй хуыздæр куы ничи у... Ныр дæр мæнæ закъазгæнджытæн сæ адристæй мæ дзыппытæ седзаг куы сты. Æхца кал æмæ кал хæдзар- мæ, фæлæ сын се ’фсины хæдзармæ æрхæссын хъæуы æви нæ, Мыцæ, уыцы æфсин рæстмæ куы нæ фæуа, уæд фæллæйттæ сæфтмæ цæуынц, сæфтмæ... Цæй-ма, цы мын зæгъыс, Мыцæ? Цы уынаффæ мын кæн^гс? ,М ы ц æ. Мыхъосæ, мæ уынаффæмæ у каст? М ы х ъ о. Æрмæстдæр дæумæ у каст. М ы ц æ. Мæ уынаффæ дын Мыхъосæ: Гигилайы фæчыидз кæн, нанайы галуантæ уый куыд рацараза,. 142
.афтæ ничи, модертæм уый чи амбулдзæн, ахæм чызг нæй Дзæуджыхъæуы, нæдæр ссардзынæ. Мыхъо. Цавæр модертæм? Иæ къултæ йын або- йæты бæсты лотерейы билеттæй ныхасид... М ы ц æ. Уый та цавæр лотерейты кой кæныс? Мыхъо. Куыд цавæр лотерейты, иу туманæй лоте- рейтæ балхæдта æмæ сæ бригады чызджытыл байуæр- ста, ныххæххытæ, дам, кæнут, чызджытæ, кæд, дам, уæ искæй амонд схауид. Гъеныр ма мын зæгъ, уый нанайы хæдзармæ ласгæ у? Ахъуыды ма кæн дæхæдæг. Дыууæ •бонмæ ныххæлæттаг кæндзæн æмæ хæдзар гаффуттæй ’баззайдзæн... Нана ахæмты уарзы?! Нана йын йæ дзык- кугæ йæ армы авæрдзæн æмæ мæгуыр зæронд усы ми- лицæтæм, судтæм фæралас-балас кæндзысты... М ы ц æ. Бафæрсын аипп ма уæд, Мыхъосæ, цал .азы дыл цæуы? М ы х ъ о. Хатыр, цæмæн дæ хъæуы йæ базоныны *сæр? М ы ц æ. Афтæ, афтæ мæм мæ зæрдæ цæмæдæр •сдзырдта, уæддæр цал азы? Мыхъо. Бирæ нæ, тагъд мыл сæххæст уыдзæн ыстдæс æмæ ссæдз азы. М ы ц æ. Æз та æнхъæл уыдтæн, зæгъын, тагъддыл сæххæст уыдзæн фæндзай азы. Кæсын дæм æмæ дæм :æгæр арф зондджын хъуыдытæ ис. Мыхъо. Уый мах мыггагæн — Триатæн— мыгга- гæй хæссы, мæ хуры чысыл акæнай. Зонд гыццылæй æмбырдгæнгæ у, мæнæ æхца æмбырдгæнæн кассæйьг куыд æмбырд кæнай, афтæ... Цæй, ныхас ныхасы къахы .раст цыма тæрхонгæнæджы раз стæм, афтæ... Æргом дзуапп мын дæттыс æви нæ? - М ы ц æ. Уæ усгур Триайы-фырт Мыхъо, кæй курыс, уымæй æргом дзуапп ракурыны размæ уал йæ фæдыл -аразгъор-базгъор кæнынмæ хъавыс æви нæ? М ы х ъ о. Кæд нæ фæсайдзынæ, уæд цæуылнæ... Ги- гилайы фæдыл æрмæст марожнитыл уыйбæрц æхца ап- 143
пæрстон... Æдылытæ нал ис, ницæй тыххæй сомтæ дым- гæмæ фæтахтысты, ныр æгъгъæд фæуæд... Мыцæ. 0, афтæ дæр фæуæд æмæуарзондзинадта? Мыхъо. Баныхас кæндзыстæм, дæуæн æвгъау ни- цы уыдзæн ме *рдыгæй уарзондзинадæй дæр, фæллойæ дæр... Æз уал цæуон, уартæ Афон æрбацæуы. Мыцæ, уымæй афоныл дæхи фæхицæн кæн, уæ леккатæн кæрон скæнут... Афон тынг зоидджынтæй нæу. Мыцæ, дæ дзуапмæ фæстæдæр æрбауайдзынæн. Зон æй, мæнæн би- рæ рæстæг нæй, хъуыддаг фæрæвдз кæнын хъæуы. На- на мæнмæ æнхъæлмæ кæсы. Мыцæ. Цæугæ, цæугæ, æрмæст æнæ дидинджытæй куыннæ æрбацæуай, афтæ. Хъусыс? Мыхъо. Хорз, хорз. (Тагъд-тагъд ацыдис.) Афон æрбацыдис — æрыгон, рæсугъд, тынг зæрдæмæдзæугæ лæппу. М ы х ъ о й ы фæстæ зæрдæхсайд каст кæны, стæй кæсы Мыцæ* м æ. Мыцæ йæ худын тыххæй уромгæйæ нæ худы, стæй йæ худг раргом кодта. А ф о н. Уый циу, æвæццæгæн дæ Мыхъо бахъæл- дзæг кодта йæ сæууон уарзтæй? Мыцæ (йæ худт нæ уромгæйæ). Стæй куыннæ, фырхудæгæй лæгæн йæ уд дæр схаудзæн. А ф о н. Мыхъоимæ цасдæр иумæ цæрæм æмæ дæу цæмæй бахъæлдзæг кæна, ахæмæй йæм ницы раиртæс- тон. Мы ц æ. Уæллæй, зæрондырдæм æгæр комик дæр ма у, æйтт-мардзæ комик... А ф о н. Дæ худын уал фæуадз, уагæры цæмæй? М ы ц æ. Диссаджы дон-жуан разындис Триаты Мы- хъо... Пушкины дон-жуан йæ цуры рыг дæр не скалид... Æнæнхъæлæджы мын йæ уарзондзинад раргом кодта. Æригшайды мæ æрдомдта разыйы дзуапп, йæ нана мæм æнхъæлмæ кæсы... (Иæ худын тыххæй уромы.) Фæлæ уал мæ банхъæлмæ кæсын бахъæудзæн, цалынмæ* нанайы дæгъæлтæ мæ къухтæм æрбайсон, уæдмæ... 144
Дыууæуæладзыгон хæдзары дæгъæлтæ, зоныс, Афон. (Ныххудтис кæл-кæлæй.) А ф о н. Æгъгъæд, фæуадз уал дæ худтытæ! Æз æй ныртæккæ уæнгсæстытæ фæкæндзынæн, йе стджытæ- йын халамæрзæнæй дæр куыд нæуал æрæмбырд кæной, афтæ... М ы ц æ. Æрсабыр у, Афон, цæмæн æй кæныс уæнг- сæстытæ? Уый тынг зæрдиагæй дзырдта, цæмæй йæм тæккæ абон дæр фæраст уон. Мæ хур акæнай, милуан ын кассæйы ис, сыгъдæг импортон усгур, уæдæ хæдзар* æд дзаумæттæ, дыргъдæттæ, гогызтæ, кæрчытæ æмæ æн- дæргæ... Цæсгом дæр дзы хъæуы — ахæм лæппуйæн нæгъ зæгъын... Куыд æй уæнгсæстытæ кæныс, хæлæг æм кæныс? Афтæмæй дæхи фæскомцæдисон хоныс. А ф о н. Ды мæнæн ахæм ныхæстæ ма кæн, фæлæма мын зæгъ, исты зæрдæ йын бавæрдтай æви йæ фæсырд- тай? Мыцæ. Ахæм усгуры фæсур. (Ныххудт та.) Мах дуджы ахæм усгурты нæ фæсурынц. А ф о н. Фæстаг хатт ма дын зæгъын, кæннод... Мыцæ (Афоны къух райста). Ды фæсабыр у. (Тынг зынтæй йæхи сабыр кæны.) Демæ хæдзар рай- сынмæ цас æнхъæлмæ кæсын бахъæудзæн. (Йæ худын фæурæдта.) Æнæ сæрымагъз! Афон. Чи? М ы ц æ. Нæ усгур, нанайы усгур! Триаты Мыхъо æндæр чи хъуамæ уа! Кæс-ма йæм уыцы цъиутæ тæр- сæнмæ! А ф о н. Гигилаимæ бирæ куы фæтезгъо кодта... М ы ц æ. Ма тæрс, Гигилайæн хæрзбон зæгъынмæ хъавы. Мыхъо афтæ зæгъы, мæ аккаг, дам, нæу, æхца- имæ, дам, æгæр рæуче митæ кæны. Ныр та йæ сæнтты мæн мысын райдыдта. Дæуæй, дам, сæрæндæр æмæ зондджындæр нæй ацы æмдзæрæны чызджытæй... Ды, дам, дæ æрмæстдæр мæ аккаг, мæхи хуьгзæн бонзонгæ. Кæсыс, цы хуызæн чызг разындтæн. Зæгъын дын, мæнæч 145
лæппу: нырæй фæстæмæ хъахъхъæ, кæннод дын куы .атæхон, уымæй тæрс. А ф о н. Мæ мастыл мын цæхх мауал кæн. Мытæ (сабыр æй кæны). Цæй, æз хъазгæ кæнын. Ау, афтæ æнæсæр дæн æмæ ахæм æнæсæрмæ фæцæу- дзынæн. Фæлтау мæ фыды уæларт урс дадалитæ рауадз- дзынæн. Ау, куыд дæ бауырныдта, æз ахæм рæуче ра- зынон, уый? Уæддæр диссаг куыд нæ у, Афон, кæцæй нæм фæзыны ахæмтæ. Дзæгъæлы йæ нæ хонынц чыз- джытæ Мыхъо-дибилыхъо, зæгъгæ... Æфснайæн кас- сæйы, дам, мæм ис, цæмæй цæрон, уыйбæрц. А ф о н. Ай-гъай йæм уыдзæн кассæйы æхца. Мыхъо искæмæн сом æфстау куы радты, уæд ын йæ проценттæ бæгæныйæ фæисы, йе ’хцайæ йæхæдæг бæгæны баназы- ны бæсты, фæлтау йе ’рДхæрдтæн ратдзæн æфстау æмæ уыцы æфстауæй бануаздзæн. М ы ц æ. Уый дын цæттæ кулак. А ф о н. Ды та мын ахæмтимæ тæрхоныл схæцыс. Куыд бауæндыдис дæумæ æргомæй зæгъьш, уарзын дæ> зæгъгæ? Мыцæ. Фæлæуу-ма, мастыдзæкъул! Æз æм кæд барæй хъустон, уæд та? Гигилайы фæстæ йæ сæфтджы- тæ рафтыдта, ныр та... ме ’рдæм фæцæхгæр ис. Æрца- хуыр кæнын хъæуы зæронд хъæрццыгъайы, цæмæй йæ зона, кæимæ ку’ыд ныхасгæнгæ у, уый. А ф о н. Ахæм фосы мыггаджы куыд сахуыр кæн- дзынæ! М ы ц æ (ахъуыды кодта). Махæй æрцахуыр кæн- дзыстæм. А ф о н. Уæддæр Гигилайæ цæмæн йæхи фæхицæн кодта, цæмæн æй фæуагъта? Мыдæ. Мыхъо Гигилайæ йæхи фæхицæн кодта уы- мæн æмæ Гигила лотерейтæ балхæдта æмæ сæ йæ бригады чызджытæн байуæрста... Мыхъомæ хардзау Æркаст, чызджытæн сæ кæй байуæрста, уый æмæ Гиги- лайы сидзæрæй фæуагъта. 146
А ф о н. Æрмæстдæр уый тыххæй? Мыцæ. Уый тыххæй, йе ’хца, дам, дымгæмæ кæй калы, уый тыххæй. Афон, уæдæ афтæ, Триайы-фыртæн аивæй сусæгæй бамбарын кæнын хъæуы, зæгъгæ, Гиги- ла лотерейæ рамбылдта фондз мины... Стæй стыр хъæз- дыг бынтæ райста... Афон. Фæлæуу-ма, Гигиламæ кæцæй æрхаудта бынтæ, сидзæр сывæллæтты хæдзары куы схъомыл ис, уæд? Мыцæ (уыцы сахат æрбаймысыд). Зæгъæм, æртæ чызгæй иу зæронд профессорæн цалцæг кодтам йæ хæ- дзар. Профессорæн ус нæй, ацæргæ лæппуйæ чи базæ- ронд, ахæм. Иæ зæрдæмæ фæцыдис Гигилайы рæсугъд æмæ ууыл ныффыста йæ бынтæ, йс ’ппæт мулк, хæдза- рæй, æхцайæ — 2 сæдæ мины бæрц. Иæ библиотекæ дæр уыдзæн 50 мины бæрц. Профессор æрбамардис æмæ Ги- гила бынтыл æрбадт. А ф о н. Триайы-фырт уый куы фехъуса, уæд фыр фæсмонæй куы фæтæппæлæг уыдзæн. М ы ц æ. Ма тæрс, нæ фæтæппæлæг уыдзæн, ссар- дзæн æм фæндаг. Мыхъоса-дибилыхъо уый куыддæр фе- хъуса, афтæ та фæстæмæ Гигилайы фæстæ фессæнд- дзæн. Афтæмæй йын йæ донжуан митæ, хурмæ ракал- дзыстæм. А ф о н. Тынг хорз хъуыды у. М ы ц æ. Фырцымыдисæй йын æцæг исты куы уа, тæригъæд у. А ф о н. Тæригъæд кæныс ахæм æнæфсис капитали- стæн? М ы ц æ. Кæс-ма, æрбацæуы Мыхъо, йæ къухы ди- динджыты цупал. А ф о н. Цымæ сæ кæмæн хæссы? М ы ц æ. Кæй зæгъын æй хъæуы — мæнæн. Æз ын загътон, æнæ дидинджытæ мæм куыннæ æрбацæуа, аф- тæ. Кæс-ма, куы дæ ауыдта, уæд куыд фæаууон ис, йæ 147
дидинджытæ йæ чъылдыммæ амбæхста. Афон, ацу æмæ уал дæхи фæаууон кæн... А ф о н. Ома? Мæхи куыд фæаууон кæнон? Мæ сæ- рымагъз мын куыд талынг кæнынмæ хъавыс Мыхъойы раз. М ы ц æ. Æнæхъола, ацу, æз ын ныртæккæ йæ хъу- <еы бацæгъдон, Гигилайы мулчы тыххæй. Ацу, хъуыддаг ^ербайхалдзынæ, цæугæ. А ф о н. Нагъ. Хуыздæр уаид, ды куы ацæуис, уæд ын .æз... (Хъæр æм кæны.) Ардæм рацу, ардæм, аныхæстæ кæнæм...(А1бШю æрбацыд.) Кæдæм цæуыс уыцы хъуыд- дагхуызæй? М ы х ъ о (йæ галиу къухæй дидинджытæ амбæх- ^ста.) Никуыдæм, афтæ ратезгъо кодтон, абон майрæм- ^бон у æмæ мæ бон баулæфын у æви нæ? А ф о н. Кæй зæгъын æй хъæуы, дæ бон у, сбад уал, лæугæ ма кæн. Бадæг æмæ лæууæгæн иу аргъ ис, бад- гæйæ лæг хуыздæр улæфы. Мыхъо. Сбадæн дæр ис, цæуылнæ, абаддзыстæм, ^бандон æхсæны бандон у. М ы ц æ. Цæуон, æз бауайон, дуканийы, дам, цавæр- дæр немыцаг крем ис æмæ дзы алхæнон. (Ацыд.) М ы х ъ о бандонæй уыцы тæррæст фæкодта М ы ц æ й ы фæ- дыл, фæлæ йæ А ф о н ацахста. А ф о н. Мыхъо, абад уал, иунæгæй мæ куыд уадзыс? М ы х ъ о. Нæ мæ æвдæлы, хъуыддæгтæ мæ ис. Афон (нал æй бауагъта сыстын). Сбад, æнæнцой, бадгæйæ улæфын, дам, пайдадæр у фæзæгъынц дохтыр- тæ. Дæ дидинджытæ дæр адзæбæх кæн. Кæм ссардтай ацы залмы сыфтæ? Мыхъо. Цавæр залмы сыфтæ сты, ромашкæтæ куы сты, адонæй алы дидинæг дæр фондз капеччы у, цæхæ- р’адоны зайынц. Ацы цупалы æнæхъæн дæс дидинæджы лс. А ф о н. Диссаджы дидинджытæ, кæмæн сæ балхæд- 148
тай? Чи у уыцы амондджын чызг, Хæныкъаты Гигила ма уæд? Мыхъо (æнæрвæссон худт бакодта). Æмæ цы кæ- ны, чи зоны, — уымæн дæр. А ф о н. Уæдæ тæхгæ кæн, кæннод дын дæ бынат ис- чи, мыййаг, куы бацахса. М ы х ъ о. Мæ бынатæн бæргæ тас нæу, уый æрцах- <сынæн райгуырын хъæуы... Афон (зæрдиагæй). Мыхъо, зæгъ-ма, Гигилайы су- сæгдзинæдтæ нæ фехъуыстай? Дæуæн дæр нæ раргом кодта йæ зæрдæйы сусæгдзинад? Мыхъо. Цавæр сусæгдзинад. Ме ’рдыгæй æппын- дæр ницы, кæд, мыййаг, уый исты... А ф о н. Æз та афтæ æнхъæлдтон æмæ уе ’хсæн æцæг уарзондзинад ис. Уæртæ дидинджытæ... Мыхъо. Уыдон уæртæ цæхæрадоны ратыдтон, æр- мæст Гигилайæн нæ... А ф о н. Гигила дын уæддæр ницы загъта? М ы х ъ о. Омæ мын цы хъуамæ загътаид? А ф о н. Кæс-ма, куыд æмбæхст сты ацы чызджытæ. ’Сæ хуымгæндтæ зæххы бын сты, афтæмæй та йæ йе ’мбæлттæ зонынц се ’ппæт дæр. Мыхъо. Афон, цытæ лæхурыс, уый бæрæг дын нæй? Зæгъ-ма, цы зæгъинаг дæ, уый. Афон. Цæй, зæгъдзынæн дын æй, æрмæст æй Ги- гпляйæн ма зæгъ, стыр сусæгдзинад у, бамбæрстай? Мыхъо. Кæронмæ нæма?! А ф о н (æввахс бабадт Мыхъомæ, йæ хъусы йын дзуры). Рамбылдта. Мыхъо. Цы рамбылдта? А ф о н. Гигила йæ лотерейæ æхца рамбылдта æнæ- хъæн фондз мины. М ы х ъ о. Æцæг æви? Чи йæ бæлвырд... Цæмæй бæ- рæг у? А ф о н. Иæ хуыздæр æмгарæн æй загъта æмæ йæ тынг бафæдзæхста, макæмæн, дам, æй зæгъ.. фæлæ нæ 149
зоныс ацы чызджыты. Уыцьгчызг æй фырхæлæгæй кæ- мæндæр ракъæр-къæр кодта æмæ рахъæр. М ы х ъ о. Уый дын гъе, куыд ын бантыстис! А ф о н. Амонд, спортлотойæ, уым диссагæй ницы ис Адæм дæс бонæй дæс бонмæ куы æмбушыцц. Мыхъо. Спортлотойæ фондз мины... Ау, уый гæ- нæн ис æмæ рамбула? А ф о н. Вæййы ахæм амондджынтæ, кæд Гигила æхсæз дамгъæйы дæр бахъуыды кодта æмæ сæ раст ныххахх кодта — схаудта йæ амонд æмæ райста фонд& мины. Мыхъо (йæ сæр ныттылдта). Фондз мины рамбул,у нæ мæ уырны, Гигила рамбула, уый. Нæ йыл зыны. А ф о н. Цы, йыл нæ зыны? Алы бон дæр ног импор- тон туфлиты сæпп кæиы, йæ къабатæн нымæц куынæ- уал ис, сыф-сыф кæны лæппутæ æмæ чызджыты цæст- мæ. Мыхъо. Уымæй раст зæгъыс, кæннод уый размæ^ уыцы иу къабайы, хъулон-мулон къабайы ратæх-батæх кодта. Цыма уыцы къабайы райгуырд... Кæдæм, дам, мæ хъæуы æхца. хæрын, дам, хъæуы, хæрын. Мæнæн, дам, уæд францусаг гуыл, æхсыры сæртæ, къалбас, кæ- саджы еугæф... А ф о н. Ныр æм кæсыс. Мыцæ афтæ зæгъы, иу æл- хæд, дам, бакодта æхсæз импортон къабайы, стæй, дам,, æм æвæрд фæллой дæр ис... Мыхъо. Кæс-ма, адæймаг куыд рæдийы иуæй-иу^ хатт. Æз та афтæ æнхъæл уыдт-æн,- зæгъын, ай хæдзар никуы сараздзæн, ахæм рæуче, æппынæдзух пыррыччы- тæ, хи-хи-ха-ха, уадз æмæ, дам, чызджытæ згъорæнт мо- дæты фæдыл, мæн, дам, ницæмæн хъæуынц. Афтæмæй та йæхи куыд систа Хъазыбеджы хохмæ. Фæлæ уæддæр уыцы дамгъæтæ куыд бахъуыды кодта? ’ А ф о н. Йæ арф хъуыдытæй. Зын у уыцы арф хъуьь дытæн дзуапп раттын. Интуици йæ хонынц, ахуыргæнд- 150
тæ афтæ фæзæгъынц, фæндоны ныхмæ, дам, февзæрынц -ахæм арф хъуыдытæ. М ы х ъ о. Кæд æнæ арф хъуыдыйæ фондз мины, уæд Гигила йæ зондимæ уыйбæрц рамбулын нæ бафæрæз- таид. Афон. Мæ хуры чысыл акæнай, Мыхъо, стæй дæ амонд дæр рох ма уæд, никуы фехъуыстай Къостайы ныхас «Амонд йæ хъахъхъæнæг ахæм æвзæрæн». Ацы æмбисонд Гигиламæ нæ хауы. Гигила тынг зондджын чызг у, зондджын куы нæ уыдаид, уæд профессоры бын- тæ йæхирдыгæй нæ фæкодтаид. Мыхъо. Уый та цавæр профессоры бынты кой кæ- -ИЫС? Афон. Уæдæ дын æз цытæ дзурын? Гигилайæн ба- хæс кодтой йе ’мбæлттæ зæронд профессоры хæдзар сремонт кæнын — цыбыртæй дын æй бамбарын кæнон... Профессор Гигилайы бауарзта æмæ йыл йæ мулк иу- уылдæр ныффыста... Сæдæ мины æхца, йæ библиотекæ дæр иу-фæндзай мины аргъ у. М ы х ъ о. Куыд ныффыста? Ау æмæ уæд се ’хсæн ахæмæй ницы рауад? Афон. Цытæ дзурыс? Рынчын æмæ дæс æмæ цып- парыссæдзаздзыд мæ ма истæмæ æнхъæлмæ кæсæн ис... М ы х ъ о. О, ма зæгъ, ис ахæмтæ æмæ дæ гуырæй райгæ у. А ф о н. Хатыр, фæлæ дæхи меркъайæ ма бар мæ- гуыр профессоры... Æниу африкæйы иу зæронд лæгæн, 200 азы кæуыл цыдис, уымæн æртæ лæппуйы райгуырд. Ахæмтæ дæр вæййынæ нланетæйы æмæ йæ ууыл ныма- йыс? Ехх, уыцы амонд æмæ фæллоимæ Гигилайæн йæ- хи хуызæн амондджын, зондджын, хæдзардзин, æрхъуы- дыджын лæг, йæ фæллойæн ын рæсугъд пълан æвæрæг лæг... Гигилайæн ныртæккæ фондз-дæс мины ахардз кæ- нын ату кæнынæй уæлдай нæу. Мыхъо. Уый раст у, а фæст^г рæстæджы ахæм хъæлдзæг у, фæлæ мæм цæмæдæр уæддæр афтæ кæсы, 151
цыма йæ зондæй ахæм хъæлдзæг ницæй тыххæй уы- дзæн... Æвæццæгæн, æхцайы цинæй... Сæ рæзты æрбацыд Е р м о чыргьæд æмæ хызынимæ, рæсугъд зæрдæмæдзæугæ сæвджынтæ ус, 35 азы кæуыл цæуы, ахæм. Е р м о. Фу, бафæлладтæн, ацы тæвды абадæн ис уе- мæ иу гыццыл. Бафалдæр ма кæнут уæдæ, лæппутæ. М ы х ъ о. Бафалдæргæнæн та куыннæ ис... Æз уæ> уæвгæ хатыр курын, мæн тагъд кæнын хъæуы. (Æвип- пайды фестад æмæ азгъордта.) Е р м о. Мыхъола кæдæм фæтæхы йæ дидинджытьг цупалимæ? Афон. Ус курынмæ фæтæхы, тагъд кæны, цæмæй ускурджытæй йæ разæй мачи фæуа. Е р м о. Цалæм хатт? Æцæгæй та Мыхъола ус ку- рын ныхъхъуыды кодта? Ау æмæ йын æгас Ирыстоны чызджытæй иу рæстмæ нæ кæны? Айфыццаг мæнмæ^ дæр баузæлæнтæ кодта... (Ныххудтис.) Базарæй æрба- цæйцыдтæн, кæсын æмæ дын Мыхъо автобусæй æргæпп кодта æмæ дын мæм фæхъæр кодта, фæлæуу ма, дам. Арлæууыдтæн, æри ма, дам, дæ хæссинæгтæ, æз, дам, дын аххуыс кæнон, тæригъæд, дам, дæ уæззæуттæ хæс- с&нæн. Райста мын мæ хызьш... Цæуæм, исдуг ницы дзуры, стæй мын афтæ зæгъы, иунæгæй ма, дам, цæрыс? Æз, зæгъын, нырма иунæгæй, искæй мын, зæгъын ссар- дтай? Арф ныуулæфыд æмæ мын загъта, искæмæн, дам, дæ цæст нæ бауарзид. Уæд, зæгъын, цæуылнæ? Зæгъ- ма, дам, мын æргомæй, дæ зæрдæ, дам, искæмæ æх- сайы? Бæргæ, зæгъын, æхсайы, фæлæ къухты не ’фты. Чи, дам, у уыцы амондджын, цы ма, дам, æй хъæуы, ахæм царвы дурыны хуызæн пумпуси ус. Гъемæ йын æз дæп æргомæй куы зæгъин, дæумæ зæгъын æнхъæлмæ кæсын, бæргæ, фæлæ, зæгъын, дæу ^æнмæ нал æвдæ- лы... Цæмæн, дам, афтæ зæгъыс? Афтæ, зæгъын, мæ • хъустыл æруади, цыма, дам, де ’ннæ устытæй нæма фæ- хицая дæ? Уæд мын афтæ зæгъьг, æз, дам, уыдонæй ал- 152
кæмæй дæр раджы схицæн дæн, закъонæй дзы никг.имæ дардтæн. Ау, зæгъын, куыд никæимæ ацардтæ, дæ фæ- дыл цы сывæллæттæ кæуынц, уыдон та, зæгъын? Уæд дын æвиппайды афтæ: цæй, хатыр, тæрхондон, дам, мын мæ зæрдыл æрбалæууын кодтай, таурæгътæм, дам, мæ не ’вдæлы, хорзæй баззай, куыстмæ, дам, байрæджы кодтон, гъемæ мæнæ ныртæккæ куыд атахт, афтæ атах- тис. А ф о н. Хорз ын фæдæ. Дæумæ йæ нæма ’вдæлы бæ- дултæй, алы хатт дæр Къостайы цæхæрадонмæ цæуы хъазтмæ, уым фæкафы шалахо, чызджыты уым æвзары, æнæфсæрмæй йæ амонд агуры, æвæццæгæн. Е р м о. Чи у, кæй куры? Нæ йæ зоныс? Махуæттæй ма уæд? А ф о н. Мæ-гъа, кæд Гигилайы. Е р м о. Хæныкъаты Гигилайы? А ф о н. О, æвæццæгæн... Е р м о. Нæ, уый гæнæн нæй... Гигилайы куыннæ зо- нын, цытæ дзурыс, уый Гигилайы аккаг нæу. Гигила рæсугъд, æрцындзы хуызæн чызг, Мыхъола та — дзæк- корыл хæлаф куы скæнай, уый хуызæн. А ф о н. Æмæ сæ кæд кæрæдзийы уарзондзинад йæ ^ъæбысы æрбакодта, уæд та? Федтай йæ, дынджыр ди- .динджыты цупалимæ. Ермо (ахъуыды кодта). Мæнæ царциатæ. Мыхъо, дам, æмбырд кæны фæллойæн æхцатæ. А ф о и. Уæд æхсынæнтæн дæр сæ лыстæджытæ æл- хæны, иу агуывзæ йын æнæхъæн боиваг куыд кæна, аф- тæмæй куыннæ æрæмбырд кæндзæн фæллой Мыхъо. Е р м о. Бонæй бонмæ лæг цы нæ диссаг фехъус- дзæн нæ горæты. Цом уæдæ цæуон, схæц ма мын мæ чыргъæдмл. Афон (схæцыд ын йæ чыргъæдыл). Хуыцауы тых- хæй, Ермоджан, дæ чыргъæды дуртæ ис, куыд уæззау дын у? Е р м о. Дуртæ дзьг нæй, фæлæ хæрд æмæ нуæзты 153
дзæбæхæй цыдæриддæр ис, уыдон иууылдæр мæ чыр- гъæды сты. А ф о н. Омæ, дам, ды куы нæ фæнуазыс? Е р м о. Æз дæр дзы ахуыпп кæнын бæрæгбæттьг мускаттæ, шампайнæгтæ-йедтæй. А ф о н. Майрæмбоны уæм уагæры цавæр бæрæгбон ис? Е р м о. Бæрæгбон нæу, фæлæ цæмæй абæрæгбон кæнæм, уый тыххæй аххос ссардтам. Ахæм хабар ис нæ- бригады чызджытæм. Æз куыд сæ хистæр, афтæ сæ фæ- хонон мæ райгуырæн бонмæ, стæй ахæм бæрæгбон æнæ- нæлгоймаджы куывдæй нæ фидауы æмæ нæ фæччы æмæ- уымæ гæсгæ дьг дæр хуынд дæ мæ хæдзармæ. А ф о н. Стыр бузныг, Ермо, уæд та дидинджытæм азгъорин. Е р м о. Дидинджытæ дæ ницæмæн хъæуы, дæ диди- нæг уым уыдзæн, æнхъæлмæ дæм кæсдзæн Мыцæ, стæй мах дæр. А ф о н. Цæй, хорз Ермоджан, бар ратт æмæ дын дæ чыргъæд фæхæццæ кæнон дæ къæбицмæ. Е р м о. Гъе уый дæр лæджы уæзд,андзинад у. Æз куыд идæдз ус, афтæ мын исчи куы алæггад кæны, уæл мын тынг æхсызгон вæййы. (Ацыдысты.) Æмбæрзæн ДЫККАГ АРХАЙД Архайд цæуы, фыццаг архайд кæм цыди, уыцы ран —,бæласы бын. Фæзындысты Г и г и л а æмæ М ы х ъ о. Гигила — æвзонг рæсугъд чызг, даргъ дзыккутимæ, йæ уæлæ—рæсугъд аив къаба, йæ къæх- тыл — ног туфлитæ, йæ фæдыл æрбацыди Мыхъо, йæ къухы дидин- джыты цупал, æрбадтысты бандоныл,. Тигила. Æз ма мæхинымæр хъуыды кодтон, куыд æрæгмæ, зæгъын, зыны Мыхъосæ. Кæд, зæгъын, мый- йаг, исты ныхъхъуыдь* кодта... 154*
Мыхъо. Ам мæ хъуыддæгтæ алыхуызæттæ систы, нанайы рынчындонæй рафыссын нæ хъуыдис?.. Гигила. Мыхъосæ, дæ нанайыл роман нæма ныф- <фыстай? М ы х ъ о. Мæнæн мæ нана тынг куырыхон сылгой- маг у. Иæ фæдзæхст ын нæ баххæст кодтай, йæ фæ- дзæхст, уæд дæ гуырæй райгæ у... Г и г и л а. Карз æфхæрдæй дзы тæрсыс? Мыхъо. Нана сабыр цард ахуыр у æмæ йæ хъахъ- хьæнын хъæуы, гыццыл мæстыйæ дæр тыхсгæ кæны йæ нервытæй... Мæнæ адон та дæуæн, Гигила, нæуæг тынд дидннджытæ. (Дæтты йæм дидинджытæ.) Г и г и л а. Уый дын гъе! Дидинджыты цупал та цæй тыххæй? Исты бæрæгбон у? Раздæр мын куы никуы лæ- вар кодтай дидинджытæ. М ы х ъ о. Раздæр раздæр уыд, ныр та ныр у, айс сæ! Гигила (райста сæ). Ромашкæтæ, куыд егъау цу- пал у. Дæ хорзæхæй дæ дзыппы сæ хастай, куы сæ ныс- сæстытæ кодтай. (Сыфтæ тоны иугай.) Уарзы нæ уар- зы, уарзы нæ уарзы... æмæ фæци. % Мыхъо. Иу ран æртæ сыфы иумæ ратыдтай... фæ- лæ дæ уæддæр уарзын. (Йæ фарсмæ æрбадт.) Тынг хорз дидинджытæ сты, кæсыс, куыд раст æй базыдтой, уарзын... Гигила. Кæс-ма, æз дæр афтæ æнхъæл уыдтæн. Мыхъо. Гигила, уæ Гигила, уæд та, зæгъын, кино- мæ ацæуиккам? Г и г и л а. Триайы-фырт, цыдæр кæныс абон, дæ фы- ды мулк райстай? Мыхъо (йæхицæй ныббуц уæвгæйæ). Хæйрæг йæ зонæг, чи зоны æмæ райстон, уый тыххæй ныхас нæй... Гигила, дæу фæхонын мæ фæнды киномæ. Цы зæгъыс? Гигила. Мыхъо мын ссардта кæдæм мæ фæхона, уый — киномæ. Кæд хоныс, уæд фæхон — ресторанмæ. Мыхъо. Мæ бон у ресторанмæ дæр, мæнмæ мæхи- мæ кæддæриддæр вæййы æхца æнæ нымæцæй... 155
Гигила (фыддæрадæнгæнæгау). Таксийы абадæм æви? М ы х ъ о. Уырдæм—афтæ, уый фæстæ та таксийы атезгъо кæндзыстæм. Гигила. Мыййаг, нæ фæрынчын дæ? (Йæ ныхыл ын йæ къух авæрдта.) Куыд æмбæлы афтæ у дæ тæвд дæр... Мыхъо. Ома цы зæгъынмæ хъавыс, уымæй? Мæ* мад, мæ фыдыстæн ды нырма нæма зоныс Триаты Мы- хъойы, тагъд æй базондзынæ, йæ бон цытæ кæнын у,. уый... Цæй æнæ хъазгæйæ тæхæм. Гигила. Нæ хъæуы Мыхъосæ, мæн никуыдæм фæнды тæхын, мæн изæры сыгъдæг уæлдæфы аулæфын фæнды. М ы х ъ о. Æмæ цы кæны, уымæй ды раст зæгъыс, цæмæн хъæуы æмæ рестораны хуымæтæджы хардз кæ- нæм, æз æмæ ды, Хæныкъаты чызг, не ’хцатæй егъау хъуыддæгтæ рацараздзыстæм... Г и г и л а. Ай-гъай, Мыхъосæ, ды сæ дæхицæн куы фæцауæрдис де ’хцатæ, мæгуыр сидзæр дæ. Мыхъо. Цæй, æз мыггагмæ сидзæр нæ уыдзынæн. Мæ бон нал у цъиуты фæдыл ратæх-батæх кæнын. Ныхъхъуыдты кодтон, гъеныр æй хъуамæ ссарон æмæ йæ æрхæссон нанайы къонамæ. Æз мæхæдæг сæрмагон- дæй мæхи зондæй, мæхи идеалтæй цæрын... æмбырдгæ- нæн кассæйы дæр мын ис... Стæй дæуæн зындгонд у, расыггæнаг дæр кæй нæ дæн. Г и г и л а. Уымæй дæм зæрдæ не ’хсайы. Мыхъо. Мæ нанайæн уæладзгуытæ æд цæхæра- дон... Г и г и л а. Уæдæ цæмæн цæрыс æмдзæрæны? Ацу æмæ дæ нанаимæ æнæмастæй цæр. Мыхъо. Цытæ дзурыс, Гигила, нана мæнмæ курвд æн*ъæлмæ кæсы, уый зоныс?^ • Г и г и л а. Нæ зонын, цæмæй йæ хъуамæ зонон. Мыхъо. Æз нанайæн йæ иунæг бындар дæн æмæ- 156
мæм æнхъæлмæ кæсы, ме ’фсинимæ йæм цæттæйæ куыд; фæзынон. Г и г и л а. Омæ ракур, цы боны хорзмæ ма æнхъæл- мæ кæсыс? Мыхъо. Гъемæ ракур! Иæ бæллæх дæр уый ми- дæг ис æмæ, лæг кæй ракура, уый нæй, Гигила... Æзг мæнæ кæсын дæумæ... Ды, Гигила, бакæсгæйæ лæгмæ- хуымæтæджы каст кæныс... Фæлæ æрхъуыдымæ та дæ- уæн æмбал нæй чызджытæй, уайтагъддæр æй дæ арф* хъуыдыйæ ацахсыс. Гигила. Ома, куыд ацахсын, Мыхъо? Цæй тых- хæй йæ зæгъыс? Мыхъо. Зонын æй... Цæй, Гигила, зонын æй, цæй тыххæй йæ зæгъын, уый дæр. Мыхъо хорз зоны, фæлæ ды ма тæрс, мæн уыцы сусæг хъуыддагимæ ницы хъуыддаг ис. Г и г и л а. Æппындæр дын ницы æмбарын, цыдæо дæлгоммæ ныхæстæ кæныс. М ы х ъ о. Цæй, цы дзы не ’мбарыс (йæ алывæрстæм акæаытæ кодта.) Цæй-ма, Гигила, сывæллæттæ нал стæм, æргомæй дзурæм, уæдæ афтæ: дæумæ цы мулк ис— æхцайæ дæр æмæ фæллойæ дæр, уыдон ме ’хца æмæ мæ фæллæйттимæ куы баиу кæнæм, уæд дыууæйæ’ дæр хъаны цард кæндзыстæм.., Г и г и л а. Куыд кæсын, афтæмæй ды, Мыхъо, æцæ- гæйдæр дæ зондæй фæцудыдтай... Мыхъо. Цæй, цæй, ма сæ сусæг кæн, æргомæй дын зæгъын, фæнды дæ, мах нæ дыууæ иумæ бацæрæм, уый? Ма кæ, нæ фæрæдидзынæ. Г и г и л а. Цы загътай, цы? Цæмæй дæуæй мой скæ- нон, зæгъынмæ хъавыс? М ы х ъ о. Уæдæ, Хæныкъои, нæ дыууæ дæуæн йæ тæккæ афон у баиу кæнынæн, мæй скасты размæ — цъыкк... æмæ йæ фæхицæн кæндзыстæм. Гигила (худæгæй бакъæцæл). Мæй скасты раз- мæ. (Худæгæй та бакъæцæл.) Мыхъо, ды æцæг зæрдиа- 157
тæй дзурыс? Куыд хъуамæ ацæуон дæумæ моймæ мæй скасгы размæ, нырма дæ куы нæ зонын, уæд, стæй мæ ды та æппындæр куы нæ зоныс—мæ дæргъ дæр æмæ мæ уæрх дæр, куыд фæзæгъынц, уæд уый та куыд у? М ы х ъ о. Мах нæ дыууæ ды кæрæдзийы æгæр дæр ма зонæм... Уый æфсойнаг нæу æмæ мæм байхъус, ахъуыды кæн, фæсмойнаг нæ фæуыдзынæ, хъаны цард кæндзынæ мæ нанайы къонайы. Дæхæдæг уыдзынæ æп- пæт фæллæйтты хицау, дæгъæлтæ иууылдæр дæ къухты уыдзысты. Гигила. Мыхъосæ, мæнæн æгæр æвгъау сты на- иайы фæллæйттæ, стæй мæхимæ та æппындæр ницы ис фæллойæ... М ы х ъ о. Гигила, цы фæнды æмбæхст куы кæнай де ’хцатæ æмæ фæллæйттæ, уæддæр дын рахъæр уыдзысты, ну æнамоидимæ баиу^ыдзынæ æмæ дын сæ дыууæ бон- мæ асатар кæндзæн æмæ ихы сæрыл аззайдзынæ. Гигила. Ницы сатар кæнинаг мæм ис, куы уаид, уæд сæ радзурин, кæмæн æмбæла, уымæн. Мæнæй ничи ницы ахæсдзæн, ма тæрс, ахæм чызг нæ дæн... Фæлæ дæумæ моймæ... йæ зæгъын дæр мæм худæг кæсы. М ы х ъ о. Цæй тыххæй уæддæр, цы фау мæм хæс- •сыс? Г и г и л а. Мыхъо, æгæр чъынды дæ ды, стæй... М ы х ъ о. Кæмæн—чъынды, кæмæн та — рæдау. Гигила (ныххудгæйæ). Нæ бæззын æз дæуæн, Мыхъо, æз æгæр рæуче дæн дæуæн. Æз сæрибар цард уарзын, хъæлдзæг цард уарзын... Атезгъо кæнын уар- зын, алыхуызон лæвæрттæ исын — мæ уд мæ дзæцц... Стæй ма уарзын, Мыхъосæ, цы йæ сусæг кæнон дæуæй, зæрдиагæй чи згъора мæ фæдыл, ахæм лæппуйы. Ды та мæ фæстæ сæпп кодтай 15 капеччы аргъ морожæниимæ зырзыргæнгæйæ. Гъеныр ма ахъуыды кæн, ды афтæмæй мæйæн монагæн бæззыс? Мыхъо. Æргом ныхасы къæм нæй, чи зоны æмæдæм- и> бакæстытæ кодтон рæстæгмæ, абарстон-иу дæ иннæ- 158
тимæ—бæззыс æви нæ, уый тыххæй... Æмæ цы дзурæм,. чызджытæ се ’ппæт дæр сайæгойтæ стут... Фæлæ ныр сфæнд кодтон ногæй демæ мæ цард баиу кæнын æмæ дæ курæг дæн, дæхи фæсмон ма фæкæнын кæн... Гигил-а. Ой, куыд мæ ахудын кодтай, Триайы- фырт, дæ сæнттæ цæгъдынæй,фæхæц-ма, Мыхъосæ. (Дæтты йæм дидинджыты цупал, Мыхъо йæ райста, Ги- гила йæ хызынæй фелвæста кæсæн æмæ йæхи дзæбæх- тæ кæны.) Фæзынд М ы ц æ. Мыцæ (Мыхъойæн). Мæнæ кæм дæ, мæнæ. Æз та дæумæ æнхъæлмæ кастæн. (Мыхъойы къухæй айста ди- динджыты цупал. Мæнæ цы дзæбæх тæф кæнынц. Мы- хъола, бузныг! Г и г и л а. Мыцæ, уыцы дидинджытæ Мыхъо мæнæн æрбахаста, æццæй Мыхъосæ? Мыцæ. Дæу уыдысты æмæ ныр нал сты, зæгь-ма йын Мыхъо, æцæг сæ кæмæн æрбахастай? Уадз æмæ йæ зона Гигила. М ы х ъ о (æвиппайды Мыцæйы къухæй дидинджы- ты цупал ратонæгау кодта). Æри дидинджытæ, уыдон дæу не сты, уыдон сæрмагондæй балхæдтон Гигила- йæн... Мыцæ (Гигиламæ). Уæд мæ арв æркъуырæд мæпæг ацы ран, ацы бандоныл, сахат нæма рацыдис, афтæ Мы- хъо йæ уарзондзинад хъардта мæн^ен, кургæ, дам, дæ кæнын, æнæ дæу, дам, сырра дæн... Стæй уæд дидин- джытæм атахтис. Гигила. Мыхъосæ, уый та ма цы у, чырыстонæй пысылмон куы фестадтæ? Уыцы иу цæфæй мæй скаст- мæ дыууæ усы курыс? Дæ зæрдæйьт дуæрттæ нæ дыу- уæйæн дæр куы фегом кодтай. (Сфæзмыдта йæ.) Нæ дыууæ кæрæдзийы аккаг стæм. Мæнæ дын сæууон ди- динджыты куырис не ’вдисæн. Дæхæдæг та Мыцæмæ баленк кодтай. Ды дæ ус курджыты авантюрист. Ш
Мыхъо. Ма йæм хъус, уыдон иууылдæр гæды ны- хæстæ сты, ахæмæй не ’хсæн мур дæр ницы уыдис. Мыцæ. Куыд ницы уыдис? Нанайы уæладзыг хæ- дзар кæмæн лæвæрдтай? Нæхиуыл, дам, æй рацараз- дзыстæм æмæ, дам, а-мæ о-йæ цæрдзыстæм уæладзы- джы... Гигнла. Гъеныр дын худинаг нæу! Нанайæн цал уæладзыджы ис, Триайы-фырт, цытæ кæныс, цытæ дын .æнтысы? Мыхъо. Ма йæм хъус, Гигила. Уый барæй тъыс- сы не ’хсæн йæ калмæвзаг... Хæлæг дæм кæны. М ы ц æ. Æз барæй тъыссын мæ калмæвзаг? Кæс ма ацы донжуанмæ. Къостайы цæхæрадоны шалахо каф- гæйæ цал идæдзæн хъардтай дæ уарзондзинад, цалы •фæуагътай æд зæнæг? Ныр та гыццыл гыгыты фæдыл .згъорыс, бæдултæ дæ æрхъуыдис! (Фæзмы йæ.) Мæнæн Гигилаимæ ницыуал ис, стæй Гигила æмæ æз кæрæдзи- мæ дард лæууæм, рæуче у, сæрхъæн, Мыцæ, дæ зонда- хаст мæ зондахастмæ хæрз æввахс у, ды мæ аккагчызг дæ. Мах, чызджытæ, куыд æууæндаг стæм ацы хъæрц- цыгъатыл... Г и г и л а. Афтæ у уæдæ? Æз та æдылы, мæ хъустæ æруагътон, чысыл ма бахъæуа, баууæндон ыл. Куыд мыи лæгъстæ кодта, раст булæмæргъ йæхицæй ацарæз- та. М ы х ъ о. Ой, Гигила, Мыцæйы ныхæстыл ма ’ууæнд, æз Мыцæйæн гæды ныхæстæ кодтон, аргъуаныстæн, кæд хынджылæг нæ кодтон, æрра сдæн, хъазыдтæн дзы, ца- лынмæ лæумæ æнхъæлмæ кастæн, уæдмæ, раст цыма репетици кодтон’дæ фембæлдмæ, афтæ мын цыма ра- уад... Уымæн æмæ йæ дæхæдæг дæр зоныс æз æфсæр- мыгæнаг кæй дæн. Ды мæныл гуырысхо ма кæн. Цæ- мæй мыл баууæндай, уый тыххæй дæхи цæстæй фендзы- йæ... Æз ныртæккæ. (Фестад æмæ тагъд-тагъд азгъорд- та.) М ы ц æ. Кæдæм фæтæхы? 160
Тигила. Кæдæм? Ницы йын бамбæрстон. Мыцæ. Кæс-ма, универмаджы смидæг ис. Кæд нæ амонд уа, уæд лæвæрттæй йæхи сраст кæндзæн, а-гъа, универмагæй рацыд, фæтæхы фалæмæ, кæд Теркмæ фезгъоры, уæд та... Ги г и л а. Æвæццæгæн, йæхи найынмæ. М ы ц æ. Найынмæ нæ, фæлæ йæхи фæдæлдон кæ- нынмæ, цæмæй дæ, æнæкæрон уарзт кæй кæны, уый рав- диса... Гигила. Куыннæ стæй, æнхъæлмæ кæс, куы фæ- дæлдон кæнп йæхи, уæд — Мыхъосæ... Фæлæуу-ма, Мы- цæ, æцæг æй уарзыс? Уæд хатыр, уæд ыл дзæгъæлы ху- дын. Мыцæ. Куыннæ стæй, æнхъæлмæ кæсæд Мыхъола. Æз АфоньГкæуыл баивон, ахæм лæппу нæма райгуырди ацы дунейыл. Дæхæдæг æй куы зоныс, цахæм лæппу у, уый. Ой, ныр æз мæхæдæг æцæг сæрхъæн нæ дæн? Кæд æй ды дæхæдæг уарзыс Мыхъойы, о, о, æцæг уе ’хсæн исты ис? Гигила. Æ бастъæлай, гъеныр ууыл та куыд ахъуыды кодтай? Æнæ мой мæ ничи уадзы уæд, æндæр аргъ мын нæ кæныс?.. Цæмæн мæ хъæуы ахæм пъыры- тгьыф, кæннод дæ нæ базонгæ кодтон Гаврилимæ, ацы аз фæуыдзæн погранучилище, йæ иу бахудты аргъ куы нæ у Мыхъосæ... Æрбахаста мын дидинджытæ, фæндз- гай капеччытæй кæй балхæдта, уыдон. М ы ц æ. Уый дæуыл куыд æнувыд у ныртæккæ, йæ цард, йæ бон дæр ды дæ. Гигила. Уæддæр цæмæн? М ы ц æ. Базыдта дын дæ фæллæйттæ, дæ бынтæ. Г н г и л а (ныххудт). Цæй бынтæ? Кæцæй мæм æр- хаудта бынтæ? М ы ц æ. Кæмæйдæр, дам, дын бынтæ баззад, æр- мæст, дам, сæ нæ хъæр кæныс, цæмæй, дам, æдас уай, уый тыххæй. 6 Лавео Мæхъиты 161
Г и г и л а. Чи, дам, мын ныууагъта бынтæ, стæй^ дам, мæ цæмæн хъæуынц искæй бынтæ? М ы ц æ. Дæу нæ хъæуынц, фæлæ Триайы-фырты хъæуынц... Æз æмæ Афон барæй æрхъуыды кодтам ацы театралон комеди, цæмæй йын равднсæм йæ æцæг сыр- дон цæсгом. Нæ кæсыс, дæ фæллæйтты тыххæй иæ бындзытæ куыд стахтысты, дугъон бæх фестадис дæ мулк, дæ фæллойы тыххæй. Йæ къахы бын сæгъы бага дæр нал сæтты. Г и г и л а. Оу, мæнæ хæйрæджытæ! Омæ тæригъæд нæу, кæд æцæг баууæндыдис, уæд. Хъусын æм æмæ йæ бæлвырдæй нæ бамбæрстон, цæмæн хъары йæ мулк мæ мулкимæ баиу кæныныл. Æз ахъуыды кодтон, кæд, зæ- гъын, йæ зондæй фæцудыдта. М ы ц æ. Кæд нырма нæ фæцудыдта, уæд ныр фæ- цух уыдзæн йæ æнамонд зондæй. Гигила. Мыцæ, кæд æцæг уыдæттыл баууæнды- дис, уæд æцæг фæсæлхæр уыдзæн, мæгуыр. М ы ц æ. Ауадз æй, тæригъæд ын кæныс ацы мысту- лæгæн, ахæмы æрцахуыр кæнын хъæуы, æмæ йæ мах æрцахуыр кæидзыстæм. Гигила, ахъуыды ма кæнæм гъеныр: уымæ цы сылгоймаг æрхауа, уый уыдзæн тынг мæгуыр, æххормагæй йæ ныммардзæн къуыримæ. Гигила. Æз та йын ам æмбарын кæнын, зæгъын,. æз уарзын ресторантæ, бартæ-йедтæ. Æз, дам, дæуæн ницы бавгъау кæндзынæн. Гъеныр нæ зонын, Мыцæ, цы ра’уайдзæн йæ митæй... Кæд цыфæнды у, уæддæр махи- мæ кусы, æмдзæрæны иумæ цæрæм, тæригъæд у, «нæ»- йын куы зæгъон, уæд хъизæмар кæндзæн. Мыцæ, ды афтæ ма банхъæл, æз кæд мæхи хъæлдзæг дарын, уæд- дæр æз тынг тæригъæдгæнаг дæн. М ы ц æ. Æз дæ æмбарын, фæлæ йын кæй аххос у. Хъуыды дæр нæ акодта, афтæмæй нæ дыууæимæ дæр уыцы иу афон афидауынмæ хъавыд, цыма дзæгъæл чыз- джытæ стæм... Мæнæ Афон дæр мæн агуры, æвæццæ- гæн, цæуон æз, фæлæ дæ зæрдыл бадар, куыддæр мах 162
^ацæуæм, афтæ Мыхъо фæзындзæн. Уый ам хæрз æввахс -æнхъæлмæ кæсы, æвæццæгæн. Афон (хæрзарæзтæй). Де ’зæр хорз уа, Гигила. Гигила. Кæй изæр у, уый хорзæх дæ уæд, Афон. А ф о н. Мæнæ кæм ис, мæнæ, æз та йæ æмдзæрæны агуырдтон æмæ мын чынзджытæ афтæ, ам, дам, йæхи апудрæтæ кодта æмæ, дам, азгъордта Ермомæ. М ы ц æ. Цом, æцæг афонмæ махмæ æнхъæлмæ кæ- ’сыиц, Гигила, цом ды дæр... А ф о н. О, Гигила, ды дæр сæрмагондæй хуынд дæ. Г н г и л а. Æз дæр уæ феййафын. М ы ц æ. Гигила уæдмæ фæзындзæн. А ф о н. О, хæдæгай, Гигила, æз дын цыдæр зæгъи- иаг уыдтæн, мах ам... М ы ц æ. Уый фæстæ, уый фæстæ, рæстæг дын уы- .дзæн. А ф о н. Цæй, хорз уæдæ, уый фæстæ дæр фæуæд. Ацыдысты. Г и г и л а й æ н чиныг йæ къухы, афтæмæй хъуыдыты аныгъуылд. 'Фæзындис М ы х ъ о, йæ къухы телевизоры къопп, бандоны ти- гъыл æй æрæдæрдта, Г и г и’ л а фæзынд. Г и г и л а. Уæй, кæцы дæ! М^ыхъо (йæхи ныссæрыстыр кодта). Табуафси, телевизор фыццаг къласæй ой, уæрæйдæ, дæуæн мæн- мæ æвгъауагæй ницы ис... Цæй куыд? Æлхъывд у Три- аты Мыхъо? Хорз нæ бакодтон, мæ фæрцы ма уыдон дæр сæ пълан баххæст кодтой — æртæсæдæ сомы æмæ цасдæр! Гигила (кæсы йæм). Телевизор, ой, уæрæйдæ. Мыхъосæ, кæмæн æй балхæдтай? Мыхъо. Ома куыд кæмæн? Махæн, æндæр кæмæн, аласдзыстæм æй нанамæ. Г и г и л а. Фæлæу-ма Мыхъо, æз та дзы цалæм дæн? М ы х ъ о. Куыд цалæм? Фыццаг ды, дыккаг нана, æз дæ лæг, ды мæ ус. Нана нæм æнхъæлмæ кæсы. Загъта: 163
мæ уæладзыгмæ, дам, кæд хорз бонзонгæ чызг æрбакæ- най, уæд, дам, мæ хæдзар æд фæллæйттæ сымахыл рыффысдзынæн. Æз, дам, бирæ нал фæцæрдзынæн, цы- нæ, дам, вæййы, уæд, дам, дзæгъæл баззайдзысты хæ- дзарæй-цæхæрадонæй... Гигила. Хатыр, фæлæ æз дæ аккаг нæ дæн. М ы х ъ о. Нæ, дæуæн ницы у æддейæ бакæсгæйæ- дæр... Кæс-ма, дæ арф хъуыдытимæ куыд сарæхстæ, се ’ппæты дæр хæлиудзыхтæй куыд фæуагътай... Де ’хца- имæ... Г и г и л а. Цавæр æхцаимæ? М ы х ъ о. Цæй, цæй, æз æппæт дæр зонын, Мыхъо дардмæ уынаг лæппу у, æз дæ разы куыд æргом дæн,. афтæ у ды дæр... Мæнæ уал дын мæ фыццаг лæвар — тслевизор, дæ фæллæйтты тыххæй. Гигила. Цæй фæллæйтты тыххæй? Кæцæй райс- тон фæллæйттæ? М ы х ъ о. Гигила, хынджылæг кæныс мæнæй æви? Профессоры лæвæрттæ — сæдæ мины, йæ библиотекæ фæндзай мины аргъ... Г и г и л а. Цавæр æмбылд, цæмæй? Нæ дæ æмба- рын... Мыхъо. Нæ мæ æмбары, йæхи æнæзонæг куыд акодта. Цæй, арфæ дын кæнын. Цæй, цæй, æгъгъæд, мæн йеддæмæ сæ ничи зоны, ма сын тæрс мæнæй. Фæл- тау ма мын зæгъ, уыцы æхсæз дамгъæйы куыд ацахстайг дæ арф хъуыдытæй, дæ зонд кæцæй райста уыцы интуи- цион арф хъуыды? Г и г и л а. Ды дæ сæрæй фæдзæгъæл дæ. Цы чын- дæуа, дохтырмæ згъорин? Ды сабырдæр д^æхи дар, уый æз дæн Гигила, мæнæ уый та у хæрис бæлас... Бамбар мæ, Мыхъосæ, нæ мæм уыдис иунæг лотерей дæр, иунæг хахх дæр нæ акодтон. М ы х ъ о. Нæ дæм уыдис? Спортлотойы лотерей дæр? Æхсæз номырыл дæр крестытæ нæ сæвæрдтай? 164
Г и г и л а. Ницы зонын мæ сæрæн, фæлæуу-ма, ис- чи дзы рамбылдта? Мыхъо. Ма йæ сусæг кæн, ды кæй рамбылдтай, уый се ’ппæтæн дæр зындгонд у. Гигила. О, ме скæнæг, æрымысыдысты йæ, сайгæ дæ кæнынц, мæнмæ иунæг лотерей дæр нæ баззад, æз се ’ппæты дæр байуæрстон чызджытæн. Мыхъо. Куыннæ стæй, се ’ппæты дæр байуæрстай, иу ма дзы нæ ныууагътай дæхимæ? Г п г и л а. Се ’ппæты дæр байуæрстон чызджытæн. Мыхъо. Нæ дзы ныууагътай? Нæ рамбылдтай, са- йыс! Г и г и л а. Ард дын хæрын фæскомцæдисы номæй, куыд æз капекк дæр нæ рамбылдтон, уый тыххæй. М ы х ъ о. Уæдæ профессоры бынтæ дæр нæ райстай? Г и г и л а. Нæ райстон, уыдон дæр æрымысгæ хъуы- дытæ сты. Чилæр дæ фæхъазыд, Мыхъосæ. М ы х ъ о. Уый дын диссаджы кино. Фæлæуу-ма, аф- тæ нæ загътай, мæ фæллæйттæ, дам, кæмæн ныууадз- дзынæн? Гигила. Уый æз загътон уымæн, æмæ мæм куы уа, уæд сæ ратдзынæн мæ зæрдæмæ æввахсдæр чи уа, уымæн... Æз рамбылдтон, зæгъгæ, дын загътон? Гъе, уæууæй, гъе, Мыхъосæ, куыд гуымыдза дæ, куы... Мыхъо. Уымæй ды раст дæ, æз æцæг гугын куы дæн, уый æцæг куы уыдаид, уæд дæхæдæг’дæр фæсæл- хæр уыдаис. Гъе уый дын, гъе, Триайы-фырт, аныхæстæ йыл. Æнæхъæн æртæ сæдæ сомыл цъындыйæ мæ къух бафыстон. Алхæдта мын бæтгæйæ телевизор æртæ сæдæ^ сомы æмæ цасдæрæй æмæ кæмæн, гапг-гуккæн! Гнгила. Ницы кæны, Мыхъосæ, тæрсгæ ма кæн, алцы дæр дын йæ бынат ссардзæн, телевизор дæр бал- хæдгай. (Лæгъзытæ йæ кæны йæ къухæй.) М ы х ъ о. Ма йæм æвнал дæ къухæй! Г и г и л а. Фæлæуу-ма, мæнæн æй нæ балхæдтай? Мы хъо (иуварсмæ). Фучъи дæ нæ хъæуы? Дæ кæ- 165
цы хорздзинæдты тыххæй, дæ кæцы циндзинæдты тых- хæй? Г и г и л а. Ды мæ иæ куырдтай, дæ нанамæ мæ нæ хуыдтай? Мыхъо. Иуварс, тынг æхсызгон хъæуыс нанайы шффуттæй, æдылы уыдтæн æмæ дæ хуыдтон. Гигила. Æ-гъа, æхца нæ рамбылдтон æмæ мæ нанамæ нал хоныс? М ы х ъ о. Иыр æдылы нал дæн. Гигила. Æмæ кæд уыдтæ зондджын та, Триайы- фырт? Куыд дæ уромы зæхх, куыд дæ фæразынц æнæ- хъæн æмдзæрæны фæсивæд лæппуйæ-чызгæй. Æз та ма дын тæригъæд кодтон. Мыхъо. Тæригъæд мын кæны, къæдзилджын дæ- лимон. Г и г и л а Мыхъойыл дидинджыты цупал ныццавта, уыцы сахат А ф о н æнæнхъæлæджы фæзындис, æхситгæнæгæй фехсситт кодта. А ф о н. Цытæ цæуы ам? Гигила. Ахæмæй ницы, кæрæдзийæн бамбарын кодтам нæ уарзондзинады сагъæстæ. А ф о н. Уый æндæр хъуыддаг у, уарзондзинады ми- лицæйы ницы хъуыддаг ис. Гигила, Ермо ^дæм мæсты кæны, æнæ дæу, ддм, мæ бон нæу мæ бæрæгбоны фынг байгом кæнын. Гигила. Ой, уымæй раст зæгъыс, аив нæу, æн- хъæлмæ йæ ’кæсын кæнын, сæумæрайсом мæ фæдзæх- ста, ма,вдам-иу байрæджы кæн. А фо п. Ауай ды дæр, Мыхъо, чи зоны æмæ уым ба- ныхас кæнат, фæхицæн кæнут, уæ чындзæхсæвы бон кæд уыдзæн, уый дæр... Æз дæр бауайдзынæн, кæд уæ мæ сæр бахъæуа, уæд... Кæс-ма, телевизор дæм куы ис, цы хабар у, куы фæпарахат дæ? 1 Мыхъо (фырмæстæй йæхи нал баурæдта). Кæцæй фæпарахат дæн? Уыдон мын иууылдæр дæ митæ сты, Афон. Зæгъ-ма мын, кæцæй райстай уый æмæ Гигилайы тыфтырыкъо лотойæ 5 мины рамбылдта? 166
А ф о н. Чи хъуамæ уыдаид дæумæ гæсгæ. Чызджы- тæ æндæр чи?! Мыхъо. Цавæр чызджытæ?! (Тынг мæстыйæ.) Чи фæкодта ахæм гæды ныхæстæ, рамбылдта мын Гиги- ла — къренделийы хуынкъ! А ф о н. Чи зоны, ахынджылæг кодтой ахудыны тых- хæй... Омæ йыл ды та цæмæн мæсты кæныс? Дæумæ дзы цы хауы? М ы х ъ о. Куыд цы хауы? Чи мæ сцыбæл кодта Ги- гиламæ? Ды, ды! Фæллойгæнæг лæгæй афтæ фæхъаз æмæ фæхынджылæг кæн... Иу-цыппарсæдæ сомы гыц- цыл хъуаг цъындыйæ... Цы ма фæкæнон ныр ацы теле- визор? А ф о н. Æмæ цы кæны. Телевизор сæ тæккæ хуыз- дæртæй, уæртæ йæ улæфæн сырх уаты сæвæр æмæ йæм алы ’хсæв фæсивæд кæсдзысты. Дæ номæй лæвар фæс- комцæдисы фæсивæдæн. Стыр бузныг дæ фæуыдзысты» къулы газеты дæ рауадздзысты дæ портретимæ. М ы х ъ о. Ныр мæ ды æдылы хоныс, уæдæгонд Афон? Дæуæй семычкæйы æхсæдæн куы нæ рантыс- дзæн, уæд æз... Афон. Фæлæуу-ма, Триайы-фырт, чи дæ хоны æды- лы — уæдæгонд, цы схъиудтытæ кæныс, æцæг кæд гуы- мыдза нæ дæ, уæд? Байхъус-ма, Триайы-фырт, ды дæ раст, фендджын, зондджын, хъаруджын, бонджын, адæм се ’ппæт дæр зонынц, расыггæнаг кæй нæдæ, уый. М ы х ъ о. Гигилайы селфуткæйæн мæ фæхъазын код- тай, афтæмæй та милицæйы кусæд — ,æлъдауæвæ|4йР йæхи хоны. Куыд дæ фæнды? Милицæмæ дыл бахъаст кæнон? Иууылдæр мæ хъуыддæгтæ, зæгъæн ис, дæу тыххæй фæздæджы æрбайсæфтысты. Афон. Хъус-ма, Мыхъо, æмæ кæд Гигила йæхæдæг барæй айхъусын кодта, уæд та? Гигилайы нæ зоныс аеви цы? Мыхъо (ахъуыды кодта). Æцæг, æцæг, гъомæ 167
ахæм хинæйдзаг разына Гигила... Нæ, уый уæддæр мæ- нæн нал бакомдзæн, уыимæ мæнæн ницыуал ис. А ф о н. Тæригъæд дын кæнын, Мыхъо. Мыхъо (арф ныуулæфыд). Раст зæгъыс, тæри- гъæддаг дæн. А ф о н. Стæй куыннæ! Нæ зонын, ^цæмæй дын бах- хуыс чындæуа. М ы х ъ о. Æз æй зонын, тынг мьгн кæй тæригъæд кæныс, уый. Гъе æмæ ма мын уыцы хорздзинад сараз æмæ мын Мыцæмæ бадзур. Зæгъ ын, агуры, зæгъ, дæ Мыхъо æрмæст дыууæ ныхасмæ, ма, зæгъ, фæзивæг кæн. А ф о н. Мыцæмæ дын ардæм фæдзурон? М ы х ъ о. О, æрмæст дыууæ ныхасмæ. А ф о н. Дыууæ ныхасмæ? М ы х ъ о. О. А ф о н (йæ тымбыл къух Мыхъойы фындзы бынмæ бахаста). Мæнæ уый цы хуыйны, уый зоныс? Мыхъо (йæхи дзы иуварс азилы). Цæй, цы хабар у, кæстæр уæддæр дæ, марадз-ма, цы дын уыдзæн? Уый та циу, Афон, тымбыл къухæй, æгъдауæвæрæг куы дæ? А ф о н. Æз æрмæст æгъдау не ’вæрын, фæлæ ма дзы нæмгæ дæр ракæнын мæ тымбыл къухæй, мæ рахи- зæй дæр æмæ мæ галиуæй дæр, стæй ма мæ бок у тынг зæрдиагæй дæ сæрымагъз рацаразын, цæмæй яондджы- дæр усгур уай, уый тыххæй. Мыхъо. Акæс-ма, Ирыстоны фæсивæдæй зондæй ничиуал архайы, æрмæст дæр мустучъийæ, уæлдайдæр та се ’гъдауæвæрæг милицæ. Фæзыны Е р м о. Е р м о. Кæс-ма адонмæ, чызджытæ сæм æнхъæлмæ кæсынц, адон та ам тæрхæттæ кæнынц. Цы архайут ам? А ф о н. Æз мæнæ Мыхъойæн лекци кæсын боксæй 168
цæвæн бынæтты тыххæй. Тынг зæрдиагæй йæ фæнды йæ дарддæры тых æвзарыны аивад цæмæй хуыздæр рапа- рахат кæна... Гигила дыл нæма амбæлдис? Уый дæр сы- махмæ фезгъоры. Е р о м. Æз та йæм клубмæ базгъордтон, кæд, зæ- гъын, уым афæстиат ис... Цавæрдæр афицер æй агуры... Æвзонг рæсугъд лæппу. Мæнæ нæхи горæты хæстон училище фæцис каст... Байрæджы, дам, кодтон, Гигила, дам, мæм æнхъæлмæ кæсы... Афонмæ кæрæдзиуыл сæм- бæлдысты. Мыхъо, цом, баввæрс нæ фынгыл. Мыхъо, Хатыр, Ермо, мæнæн рæстæг нæ фæуы- дзæн, æвæццæгæн. Е р м о. Бар дæхи, Афон, цом уæдæ ды, Мыцæ дæм æнхъæлмæ кæсы. А ф о н. Цом уæдæ Ермо Лексоевна) Е р м о. Цæугæ, цæугæ, чызджытæн зæгъдзынæ, фынг ацæттæ кæнут. Æз ма гыццыл ам аулæфон, аба- дон сыгъдæг уæлдæфы, æнуд у къæбицы. Афон ацыд. Мыхъо, ды дæр ацыдаис, иу чысыл семæ абадтаис. М ы х ъ о. Ермо, мæ бон нæу. Е р м о. Хъусыс, цы хъæлдзæг зарджытæ кæнынц. М ы х ъ о. Цæй тыххæй у сæ куывд, сæ хъæлдзæгдзи- над? Е р м о. Æз сын æй зæгъгæ дæр нæ кодтон, афтæ мæ бафæндыд, зæгъын, абон абадæм, аулæфæм. М ы х ъ о. Уæддæр уæ бадты сæр цæй тыххæй у? Е р м о. Спортлотойæ рамбылдтон, куыд фæндыйы крестытæ сыл авæрдтон. Кæсын æмæ мæ амонд схауд- та, рамбылдтон иу-астсæдæ сомы. Мыхъо. Мæнæ диссæгтæ, цæй амондджын разын- дтæ? Уæддæр сæ цæмæн фæхуыдтай дæ рамбылд æх- цайæ? Е р м о. Цæмæн мæ хъæуы æхца! Æхца мæнгард фæлитой у, сайæгой. Билет мын Гигила балæвар кодта, 169
дæхæдæг зоныс, Гигила хæларзæрдæ чызг у. Хъусыс, уый Гигилайы хъæлдзæг зард у. Царды йæ зæрдæйьг фæндиаг ленчытæ кæны. Тынг хорз чызг у, хæларзæр- дæ... М ы х ъ о (йæхинымæры йæ ралгъитынмæ хъавыд æмæ йын фсргом ис). Хуыцау æй æркъуырæд. Ермо (зарæгмæ хъусгæйæ). Цы загътай, Мыхъо? Мыхъо. Куы ницы, афтæ мæхинымæр... Е р м о. Дæхинымæр? Уæдæ сабыр у, зарæгмæ хъу- сын мæ бауадз, хорз зарынц. Цом, мах дæр семæ аба- дæм, аминас кæнæм, азарæм... Дæ къаропкæ дæр ра- хæсс. М ы х ъ о. Нæ, нæ мæ æвдæлы. Ермо. Цон уæдæ æз сæм бауайон, кæннод мын мæ хæдзар зырнау ныззилдзысты. Æниу æнæлæг — æнæус цæй хæдзар у. Сидзæр æмæ сидзæр, гъендæр ницы, фе- нынмæ Мыхъосæ. (Ацыд.) Мыхъо. Ныр уый мæн тыххæй загъта Ермосæ. Чи у сидзæр? (Ахъуыды кодта.) Кæдæм ныр, гъæй кæн дæ нанамæ, ауадз æмæ уыдон сырддон цъиутау пæр-пæр кæнæнт кæдæм сæ фæиды, уырдæм... Уыдонимæ мæнæй- уый цард нæ сараздзæн, дзæгъæлы мæ хъустæ æруагъ- тон. Телевизор нæуæг у, комиссионнимæ, мæхæдæг та комкоммæ Къостайы паркмæ, ацæргæты хъазтмæ, рав- зардзынæн дзы — иу мæкъуыстæгыл дзы æрхæцдзы- нæн... Мæнæ ма фæрнджын адæмы куы афæрсин: уе ’зæртæ хорз уæнт, фæрнджын адæм. Хатыр курын уе ’ппæтæй дæр. Армæст иунæг фарста: уе ’хсæн мæ хуы- зæн сидзæр лæппуйæн амонд ссарæн ис æви нæй? Хи æппæлынæй ма фæуæд, фæлæ æз мæхи хонын сыгъдæг импортный усгур лæппу! Чызджытæ, сымахæй уæлдай хатыр курæг дæн, йæ амонд ссарын уæ кæй фæнды, уы- мæн мæнæ йæ зæрдæйы дæгъæлтæ мæ армы сты. Фæс~ мойнаг нæ фæуыдзæн, йæ хъысмæт ме ’ккой чи æрбап- пара, уыцы амондджын чызг. Æппæты фыццаг цæрын сæрмагондæй мæхи хъуыдытæй, мæхи уынаффæтæй, мæ- 170
хп идеалтæй. Уæдæ мæм ис паддзахадон кассæйы, æнæ- нымæцæй алы бон цас хардз кæна, уый бæрц æхцатæ. Табуафси, амондагур чызджытæ. Мæнæ уын мæ кас- сæйы книжкæ. Æфсæрмы ма кæнут. Цæй, уæдæ мæ-иу хъаст ма ракæнут, уæхæдæг цæйау фæзæгъут — чао! Æз та мæ амонд ссардзынæн Къостайы парчы гуыпп хъазты шалахо кафтæй. Æмбæрзæн!
ДЗЕНОККАЙЫ МИТÆ Æртæархайдон, цыппарнывон музыкалон-лирикон комеди АРХАЙДЖЫТÆ С о з ы р — милицæйы сержант. Ф а р и — Созыры уарзон, хуыйæн фабрикæйы кусæг. Дзенокка — Фарийы фыды мад. X а д æ — Созыры æрдхорд, милицион^ Ф у з æ — Фарийы ’хæлар. Наста — Созыры мад. Ф ы ц ц а г ус. Д ы к к а г ус. Архайд цæуы Дзæуджыхъæуы. ФЫЦЦАГ АРХАЙД ФЫЦЦАГ НЫВ Кнровы уынджы хиды бæрæг астæу, сценæйы раззаг пълаиы стыр бæлас, йæ быны бандон. Фæзынд Д з е н о к к а, йæ иу къухы чырын, иннæ къухы ты чыр- гъæд, афтæмæй хиды бæрæг астæу æрлæууыд æмæ йæ рæзты хис- тæр зæронд лæгтæн бар дæтты ацæуынæн. Уыцы рæстæджы хидыл цæуджытæ—адæмæй, машинæйæ иууылдæр дзыхълæуд ныккодтой. Адæм схор-схор кодтой, цы хабар у, зæгъгæ. Созыр (базгъордта Дзеноккамæ). Цы хабар у, хорз ус? Дзенокка. Куыд цы хабар у? Ирæттæ нал стæм? Лæ1ты фæндаг куыд алыг кæнон? Созыр. Æз дын алыг кæндзынæн дæ фæндаг! Æз дын ныртæккæ!.. Акæс ма фæстæмæ адæммæ?!. 172
Дзенокка (фæстæмæ акаст). Мæ къонайыл? Чи ямард? Ацы мæрддзыгой кæдæм цæуынц? Дæ-дæй, нæ- хи Хытъойыл мацы æрцæуæд, тарф рынчын уыди... цы- мæ кæм цæрынц? С о з ы р. Ныртæккæ дын сæ æз ацамондзынæн, уæртæ уал уым алæуу. Цалынмæ С о з ы р æгъдау лæвæрдта адæмæн, уæдмæ Д з е н о к- к а æд чыргъæд, æд чырын дыууæрдæм аракæс-бакæс кодта, йæ чыргъæд æмæ чырын бандоны бын авæрдта, йæхæдæг фæстæты бæ- ласмæ схылдис. Уыцы рæстæджы галиуырдыгæй æрбацыд иу ус, ауыдта чырын æмæ чыргъæд. Дыууæрдæм аракæс-бакæс кодта. Чы- рын æмæ чыргъæдмæ бавнæлдта. Дзенокка (дæлæмæ йæм æрдзырдта). Чырын æмæ чыргъæд æрывæр! Ус хæрдмæ скаст, Дзеноккайы куы ауыдта, уæд фæтарст æмæ бандоныл æрхаудта, уыцы рæстæджы фæзынд С о з ы р. Усы куы ауыдта, уæд сагъдауæй аззад. С о з ы р. Хуыцауы тыххæй, абон нæ ирон устытæ ар- вы дуар гомæй федтой æви? Чи дзы æгъдау дæтты хи- дыл цæуджытæн, ай та къозо расыгæй бандоныл ныф- ’фæлдæхт. Фæдзурын хъæуы æвронггæнджытæм... Уыцы рæстæджы ус æрчъицыдта. Фыццаг у с. Æз расыг нæ дæн, мæ къона. Мæ ч^рдæпы рыстæй фæуадзыг дæн. Фæлæ уæлæ... (Йæ къухæй ацамыдта Дзеноккамæ. Созыр æм скаст.) С оз ы р. Гъæ-гъæ, уæлæ куы дæ, уæлæ. Æрхиз дæ- лæмæ дын зæгъын! Цалынмæ Созыр Дзеноккаимæ ныхас кодта, уæдмæ фыццаг ус алыгъди. Уæллæгъи, космосмæ куы стæхай, уæддæр мæнæй нæ аирйæздзынæ! Рахиз дæлæмæ, кæмæ дзурын æз?!. Дзснокка. Мæ арт бауазал, цæмæн? Цы кодтон? Созыр. Æрхиз дæлæмæ дын зæгъын! Нæ йæм 173
хъусут, хиды бæрæг астæу тæфæрфæсгæнæджы лæуд. ныккодта æмæ, дам, цы кодтон? Адæм сæ куыстмæ- тагъд кæнынц, ай та сын сæ фæндаг æрæхгæдта.. Дæу тыххæй машинæтæ кæрæдзи фæхостой , æмæ, дам, цы кодтон?.. Дзенокка. Хорз адæм, мæнæ нæ ирон æгъдæут- тæ куыд рох кæнынц нæ кæстæртæ! Ау, ирон мад æмæ фыдæй нæ райгуырдтæ? Куыд хъуамæ ахизон сылгой- маг, мыггаджы чызг уæвгæйæ хистæр лæгты разæй, куыд сын алыг кæнон сæ фæндаг? Мæнæ куыд сæфынщ нæ кæстæртæ, сæ мадæлтæ æмæ сæ фыдæлтæй куы фæ- хицæн вæййынц, уæд. Сымах куы фæрсын, хорз адæм, цы чындæуа ахæм кæстæртимæ? С о з ы р. Цæй æгъгъæд. Æгъдау æвæрд хъуамæ уа алы ран дæр, хæдзары дæр æмæ уынджы дæр. Æмæйæ. алчи дæр æххæст кæна. Дзенокка. Хорз адæм, дис уæм куыннæ кæсы?- Дæ бон ма уæд хидыл æдæрсгæ ауайын, уынгты ацæ- уын, сарæх мын кодтой автæбустæ... Дзæуджыхъæу йæ уæрдæттæй, йæ бричкæтæй фидыдта. Кæдæм дæ-иу фæндыд, уырдæм-иу æдæрсгæ бауадтæ... Ныр та?.. Созыр (адæммæ). Нæ хъусут, ацы фыдæлтыккон быдыргъмæ! Цытæ ралæхурдта! Дæу тыххæй ныр нæ хæдтулгæ машинæтæй дæ хъинцхъинцгæнаг уæрдæттæм фæстæмæ куы рахизиккам. Цæй, нæ мæ æвдæлы, хъа- зын хъазын у, фæлæ ивар фидын бахъæудзгсн. Дзенокка. Дæ фæхъхъау фæуон, хъазгæ дæр нæ кæнын, фидгæ дæр ницы бакæндзынæн! Созыр. Нæ мады хай! Д з е н о к к а. Дæ мад дæ хурæй æфсæст уæд, фæлæ ивар цæмæй афидон, ахæмæй дæр мæм ницы ис. С о з ы р. Дæ паспорт мæм авæр. Дзенокка. Æмæ мæм паспъорт куы нæ уа, уæд та? Созыр. Уæд та, дæ хорзæхæй, мæ разæй мили- цæйы хайадмæ! 174
Дзенокка. Цы, дам, милицæйы хайадмæ? Хъаз- гæ кæныс, мæ хъæбул? Де ’взаджы алгъыл куыд абад- тис уый зæгъын, мæ хуызæн зæронд усы милицæмæкæ- нын? Ауадз мæ, дæ хорзæхæй. Мæ чызгмæ æруадтæн Æхсæрысæрæй... Фæлæуу-ама, фæлæуу, кæй лæппу дæ, кæ? Дæ нывонд фæуон, нæхиуæттæй кæйдæр хуызæн дæ?.. С о з ы р. Цæй, цæй!.. Кæй хуызæн дæн? Мæ мад æмæ мæ фыды хуызæн!.. Араст у! Дзенокка. Дæ мад, дæ фыд дæ хурæй æфсæ- дæнт. Фæлæ дæм дис куыннæ кæсы. Дæ чызгмæ æрцу æмæ йæ æнæ мастæй ма фен... уæдæ ’мæ хæлд стут! Ай уæм цæсгом дæр куы нæ уал ис, æфсарм иннæ ахæм. Зæронд устыты ахсын йеддæмæ д^ын ницы куыст ис?.. Æллæх, мæ син та фелхынцъ ис, базмæлын та мæ код- та. (Йæ синыл фæхæцыд.) Созыр. Цæй, хорз, дзæгъæл æфсæнттæй дын ницы рауайдзæн. Мах дæ уым адзæбæх кæндзыстæм!.. Дзенокка. Уый та цы хоныс — «дзæгъæл æф- сæнттæ»? Йæ синтæ никæмæн фæриссынц? Цæй, ауадз мæ, стæй мыл ныййичъи у... Созыр (йæ маст йæ хъуырмæ схæццæ). Мæ мады хай! Афид ивар, кæниод мæ фæдыл милицæйы хайад- мæ! Д з с н о к к а. Мæ мадыстæн, демæ лæгæн йæ синтæ нæ, фæлæ ма йæ куырм тъанг дæр срисдзæн. (Йæ къа- байы мидæггаг дзыппæй исы къухмæрзæны тыхтæй æх- цатæ, уыцы рæстæджы Созыр ауыдта, чидæр цæхгæр уындоюы куыд æрбацæйцыд, уый.) С о з ы р. Бахатыр кæн, хорз лæг, дæ фæндаг дар, фистæгæй кæуылты цæуынц, ууылты, кæннод маши- нæйы бын смидæг уыдзынæ. .Д з е н о к к а аивæй фæцæйхъуызыди, фæлæ йæ С о з ы р ауыдта æмæ йыл фехситтт кодта. Ницы дын рауайдзæн лидзынæй, нæ мады хай! 175
Дзенокка. Уæуу. Уæ мæ фыдбылызтæ дæ къо- найы хай æрбауæнт, кæд дæ къæбутыл дæр цæстытæ нæй!.. Ды ма мæ искуы куы ныууадзай, уæд. Дæ мад дæ быныл аззайæд! Гъе уый дын мæ хуыздæр арфæ1 (Дæтты йæм иу сом.) Дæ хъуыры фæсæдзæд, гъе уый дын мæ хуыздæр арфæ! С о з ы р. Ноджы дæр ма, ноджы!.. Д з е н о к к а. Айс сæ, цæй, бæгæныйы фаг дын стьи Созыр. Цы, дам? Нæ мады хай, ма мæ мæсты кæн! Дзенокка. Фæлæуу-ма, мæ хъæбул. Кæйдæр хуызæн дæ нæхиуæттæй, кæй лæппу дæ, кæй? (Аивæй йæм хæстæгдæр балæууыд.) Цом-ма, дæ кусæн бынат кæм ис, уырдæм, мæнæ мæм замманайы фыццагуагъд арахъ æмæ дзы иу аназ... С о з ы р. Цы, дам? Æ-гъа! Арахъ дæр ма æрластайГ Цæвиттон, уæдæ ды дæ цæттæ арахъæй сæудæджергæ- нæг, спекулянт! Акæс-ма амæ, дæ хорзæхæй... Дæ хъуаг ’ма уыдысты нæ горæты расыггæнджытæ. (Шæ чыргъæд æмæ йын чырынмæ фæлæбурæгау кодта.) Æри-ма сæ ардæм! •Дзснокка. Фæлæуу-ма, кæдæм æм лæбурыс? Кæм æрбайрох кодтай де ’фсарм, де ’гъдау? Цæй спе- къуланттæ кæныс? Мæ хъæбулы чындзы дæттын, ахсæв мæм фидауджытæ уыдзæн æмæ йæ уый тыххæй æрхас- тон. С о з ы р (йæ сахатмæ æркастис). Мæнæ мæ куыд ныффæстиат кодтай, мæнæ! Хорз ус, мæ фæдыл! Д з е н о к к а. Кæдæм? Цæй тыххæй? Дзæбæх мын æй бамбарын кæн. Созыр. Нæма бамбæрстай, цæй тыххæй, уый? Æп- пæты фыццаг хидыл тæфæрфæсгæнæгау кæй æрлæууыд- тæ æмæ æппæт цæуджыты кæй баурæдтай, уыйæппæт машинæты кæрæдзиуыл кæй фæхойын кодтай, уый тых- хæй. (Мæстыйæ мæстыдæр кæны. Йæ хъæрмæ адæм æмбырдтæ кæнынц.) 176
Дзенокка. Мæнæ диссæгтæ, хорз адæм, мæнæг царциатæ. Мæнæ Ирыстоны æгъдау куыннæуал ис! Сæа кæстæртæ сæ хистæртæй æфсæрмы куыннæуал кæнынц. Ау, нрон куы дæ:.. уый та цæй тæфæрфæсы кой кæныс?' Дæ фыдгулмæ æрлæууæнт тæфæрфæсгæнджытæ. Хис- тæрæй, зæрондæй куыд хъуамæ ахызтаин сæ разæй? И?' Уæздан Томайты чызг куы дæн. С о з ы р. Фæлæуу-ма, Томиан, кæцы хъæуккаг дæ, загътай? Дзенокка. Æхсæрысæры. С о з ы р. Гъемæ Æхсæрысæрæй горæтмæ æгъдау халынмæ æрцыдтæ? Гъемæ-иу уæхимæ лæуу æиæхъæн бон дæр æмæ-иу уадз се ’ппæт цæуджыты дæр дæ ра- зæй — зæрондæй, сывæллонæй — се ’ппæты дæр. Ам та уал уый тыххæй карз æфхæрд баййафдзынæ. Иннæ- ахæм — арахъ кæй уæй кæныс, уый тыххæй. Бамбæр- стай мæ гъе ныр? Цæугæ мæ разæй! Дзснокка. Фæлæуу-ма, цæуыл мæсты кæныс? Мæ мæрдты цæсгомыстæн, кæд æз мæ чызджы бæрæг- гæнæг не ’рцыдтæн... С о з ы р. Æмæ дæ чызджы арахъæй бæрæг кæныс? Куыд кæсын, афтæмæй дзы дæ чызг дæр акъахы, и?! Дзенокка. Мæ къонайыл, æгæртæ дæ нæ ирвæ- зы, лæппу? Цæй, ныффæстиат мæ кодтай, стæй — дæхи дæр. Айс. (Дæтты йæм фондз сомы.) С о з ы р. Æртæ сомы хъæуьг. Д з е н о к к а. Нæй мæм лыстæг æртæ сомы. С о з ы р. Ма мæ фæстиат кæн! Д з с н о к к а. Нæ лæджы рухс цæсгомыстæн, иунæг денуска дæр мæм нæй лыстæг... Созыр (гæххæтт ын афыста æмæ йæм æй радта). Райсом иу æрбацу дæ дыууæ соммæ. Дзенокка. Нæ хъæуы, нæ хъæуьг. (Иуварсмæ.) Æз ма дæуæй кæй ирвæзын, уый тыххæй ма дын ма? кæлмæрзæн дæр авæрин... , С оз ы р. Цы, дам?! 177
Даенокка. Ницы, ницы, хорзæй баззай. (Рæвдз фæцæйуад.) Созыр. Кæс-ма ацы зæронд сæлхæрмæ... Фæ- лæуу-ма! Дзенокка. Цы ма дæ хъæуы мæнæй? Дыккаг ус æрбацæйуад, сæ уæлхъус æрлæууыд. Д ы к к а г у с. Худинаг дæм нæ кæсы, зæронд усы куыд баурæдтай? С о з ы р. Хорз ус, дæ фæндаг дар. Д з е н о к к а. Пуй, мæ фыдбылызтæ дæ хай! (Ап- /гæрста йæ гæххæтт æмæ фæцæуы.) Созыр (ныхситт кодта). Хорз ус, сис æй! Д з е н о к к а. Цы сисон? Созыр. Гæххæтт сис уæлæмæ дын, зæгъын! Ам дын брондон нæу!.. Д з е н о к к а. Цы? Ноджыдæр та мæ ивар кæныс? Созыр. Куы пæ йæ сисай, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы. Алы æрцæуæг афтæ куы кала гæххæттæй-æндæ- рæй, уæд нæ горæт брондон куы фестдзæн. Дзепокка. (Гæххæтт мæсты ыст скодта зæххæй, Ссзырмæ мæсты каст бакодта). Хуыцау мыл ахæм бæл- лæх ма сæвæрæд, æмæ дæу хуызæн сиахс мæ къæсæрæй æрбахиза!.. Мæхи гъе уыцы сахат нæ хъайваныл æрца- уындздзынæн!.. Хуыцау бахизæд æмæ ма æз дæуыл ис- куы амбæлон. (Тагъд-тагъд ацыд.) С о з ы р. Уымæй тынг хорз бакæндзынæ, ныфс мæ нс, кæй нал фембæлдзыстæм. (Зары.) Мах нæ бæрнон хæстæ зонæм, Зонæм мах нæ бартæ. Аххосджынæй дзуапп æрдомæм, Акæнæм ивартæ. Бар уæхи — кæд нæ нæ уарзут. О, фæлæ, æмбæлттæ, 178
Хорз дарын уæхи фæразут, Æмæ уæм хæлæрттæ/ Æвиппайды С о з ы р ы цæсгом ныррухс и, комкоммæ йæм æрбацæ- уы Ф а р и. Ф а р и. Дæ бон хорз, Созыр. С о з ы р. Алыбон æгас цу, Фари! Ф а р и. Нæ дæ бахъыгдардзынæн, æз æрмæст иу минут. Созыр. Цытæ дзурыс, ды кæд хъуамæ бахъыгда- рай мæн? Мæнæн афтæ æхсызгон у дæ фенд æмæ дын... Ф а р и. Уый фæстæ, уый фæстæ. Æз тынг тагъд кæ- нын. С о з ы р. Кæдæм? Ф а р и. Автостанцæмæ. Созыр (фæджих). Куыд, æцæг æрцæудзæн. Ф а р и. Ай-гъай. Æрмæстдæр иунæг бон, æндæр нæ- фæуыдзæн ам. Куы дын загътон, тагъд-тагъд фæкæны алы хатт. Мæнæ йæ телеграммæ. С о з ы р (райста æмæ йæм кæсы). Мæ зынаргъ хъæ- булы хъæбул. Сæмбæлдзынæ мыл 25 сентябры. Автобус Æхсæрысæр — Дзæуджыхъæу. Фæуыдзынæн æрмæст иунæг бон. Дзенокка. ч Ф а р и. Бакастæ йæ? С о зы р. Бæргæ мæ фæндыд, æз дæр ыл демæ куы сæмбæлдаин, хъыгаг у. Куысты рæстæг... Ф а р и. Ницы кæны. Мæхæдæг ауайдзыиæн йæ раз- мæ. Фæскуыст-иу æрбауай. Созыр. Куыддæр мæм зын кæсы нанаимæ зонгæ кæнын... Фæлæуу-ма, ды йæм мæн тыххæй æппæт дæр ныффыстай? Ф а р и. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый æрмæст гъе уый тыххæй æрцæудзæн, цæмæй демæ базонгæ уа, фе- на дæ. Мæн тынг фæнды, йæ зæрдæмæ куы фæцæуис! С о з ы р. Æмæ куы нæ фæцæуон йæ зæрдæмæ, уæд та? 179
Фари. Уый та дын цы ныхас у? Бацархай, цæмæй $æ зæрдæмæ фæцæуай. Дæхи дзæбæх булкъ даст нык- кæн. Созыр. Булкъ даст ныккæндзынæн, фæлæ цæст- мæмитæ кæнын нæ уарзын, æмæ... Нæ зонын... Ф а р и. Æмæ уæдæ мемæ куы зонгæ кодтай, æхсæв бонæй куы нæ æвзæрстай, мæ фæдыл ратæх-батæх куы кодтай, уæд цæмæн уарзтай цæстмæмитæ? С оз ы р. Адæймаджы конд афтæ у, архайы, цæмæй кæй бауарзы, уый зæрдæмæ фæцæуа. (Зары.) Иуæй-иутæ хи фæхъарынц, Хуры ферттывдау — сæ каст дæр. Амонд гъе уæддæр нæ арынц, Охх, мæгуыр уа сæ бои, уастæн! Ф а р и. Иннæтæ сæхи нæ хъарынц, Уарзын сæм нæ цæуы ’ввахс дæр. Амонд гъеуæддæр ыссарынц, Охх, тæхудиаг фæуой, уастæн! И у м æ. Уарзондзинады тæгæлтæй Зæрдæ бафсæдын нæ комы. Уарзондзинады цæхæртæй, Дур дæр атайдзæн æмбойны. Уарзæгой дыууæ зæрдæйыл Уарди-дидинæг фæзайы. Уарзтæй стырдæр цин нæ вæййы. Уарзт æцæг куы уа — нæ сайы. С о з ы р. Цæй-ма, цы зæгъдзынæн дæ фыды мадæн, ц#мæй-иу райдайон мæ ныхас? Ф а р и. Куыд вæййы, афтæ йын æй бамбарын кæн- .дзынæ. Зæгъдзынæ йын, зæрдæбынæй йын кæй уарзыс 180
йæ хъæбулы хъæбулы. Стæй йын зæгъдзынæ: æз дæр дæ æнæкæрон уарзт кæй кæнын... æмæ мæ ракурынмæ кæй хъавыс, гъе ^ьш... С о з ы р. Куыд? Гъе уыдон иууылдæр æвиппайды ралæхурон?.. Фа р и. Æмæ уæдæ куыд? Рæстæг ын нæй. Ам фæ- уыдзæн æрмæст иунæг бон дын куы загътон. Фæлæу/у- ма, кæд, мыййаг, дæ фæнд аивтай? Кæннод та мæ уарз- гæ нал кæныс?.. С о з ы р. Чи? Æз?!. Дæу нæ уарзын?! (Зары.) Ды мæнæи мæ хуры скаст дæ —. Раивтай мын хуры. Хайджын æз куы уон дæ уарзтæй, Ды куы уай мæ цуры,— Ленчытæ кæнын уæд буцæй Цард-амонды малы, Зæрдæ уæд æфсæст у рухсæй, Зæрдæ цинæй зары. Ф а р и (зары.) Аххосджын нæ дæн æппындæр, Раст удæй мæ ма ’фхæр. Нæй мæнæн дæуæй адджындæр, Нæй дæуæй зынаргъдæр! С о з ы р (зары.) Нæ, æз не ’фхæрын мæ хуры, Уый мæ ныфс, мæ цард у! Уый куы нæ вæййы мæ цуры — Бæстæ мын æнкъард у... Ф а р и. Кæд афтæ у, уæд ныфсджындæр хъуаг дæ. Ма дзы тæрс. Мæ нана тынг зæрдæхæлар у, уый иннæ- 181
ты хуызæн нæу, уый хъуына зæрæдтæй нæу. Абоны зæ- рæдтæй у! Созыр. Цытæ дзурыс! Ныртæккæ дæ хæд размæ^ æз фæивар кодтон раст ахæм зæронд усы. Хиды тæккæ. астæу слæууыд, адæмы разæй, дам, куыд ахизон. Гъемæ змæлд ныллæууын кодта. Иу «Жигули» иннæ «Жигу- лийы» фарс ахаста... Фари, æнхъæлмæ мæм кæс абон. Æз æрбацæудзынæн, куыддæр мæ куыст фæуон, афтæ. Æмæ зæгъдзынæн мæ арфæйаг ныхæстæ дæ нанайæн. Æз æмæ ды кæй уарзæм кæрæдзи æнæкæрон уарзтæй. Зæгъдзынæн ын, мæнæн мæ бон кæй нал у цæрын æнæ дæу... Ф а р и. Созыр! Нанайы раз дæр дын ахæм цæстытæ куы уа, уæд æнæмæнгæй фæцæудзынæ нанайы зæрдæ- мæ! Фæлæуу-ма! Цал сахаты у? (Йæ сахатмæ æркаст.) Цæй, æз æрæджы кæнын! Æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн. (Азгъордта.) С о з ы р. Кæй зæгъын æй хъæуы, бацæудзынæн æмæ йын куыд æмбæлы, афтæ зæгъдзынæн. Мæхæдæг мæхи- цæн минæвар! (Зары.) Денджызы хъазтæ куы ’рбамбырд вæййынц, Уæд дзы нæ вæййы бæлоны хуызæн. Сыхы чызджытæ куы ’рбамбырд вæййынц, Уæд дзы нæ вæййы мæноны хуызæн. Йæ дыууæ цæсты — сыгъдæг налхъуыттæ, Сынты базыртау — йæ сау æрфгуытæ. Фари — мæ дуне, ды мæ куы хъуыдтæ, Ды мын куы байстай мæ адджын фынтæ. Фæзынд X а д æ тынг тыхстæй. С о з ы р æм фæкомкоммæ, йæ зарын фæуагъта, цин ыл кæны. Стыр бузныг, раздæр кæй æрбацыдтæ мæн раивын- мæ. 182
X а д æ. Уый та куыд дæ раивынмæ? Æз æрбацыд- тæн дæуæй курæг, цæмæй ма мæ бæсты иу сахат уæл- дай алæууай. Созыр. Цы, дам? Мæн ныртæккæ уыцы ’ сахат ^ъæуы мæнæ афтæ!! (Яæ хъуырмæ ацамыдта.) X а д æ. Бамбар мæ, ам... Созыр Нæ, нæ, мауал æй ской кæн! Хъусгæ дæр дæм нæ кæнын. Мæнæн ныртæккæ ахæм фембæлд ис, æмæ... Нырма мæхи дæр нæма ныхсадтон, мæхи. Æрда- сын дæр мæ хъæуы, мæ дарæс раивын мæ\ хъæуы... X а д æ. 0, фæлæ, мæн... С о з ы р. Цы «мæн»? Дæуæн ус ис! Дæу дæ уарзон- мæ 1агъд кæнын нæ хъæуы! X а д æ. Созыр, бамбар мæ, мæ хъуыддаг дæ уарзо- нпмæ фембæлдæй ахсджиагдæр у. Созыр. Нæ, нæ, ма мын дзур. Мæнæн мæ уарзон чызгимæ фембæлд нæу, фæлæ йæ фыды мадимæ. Æз хъуамæ йæ зæрдæмæ фæцæуон! Цы ма уа царды уымæй лхсджиагдæр хъуыддаг?! X а д æ. 0, фæлæ мæ ус... С о з ы р. Зонын æй, зонын, дæуæн ис ус, фæлæ мæн дæр фæнды, цæмæй мæнæн дæр уа ус! X а д æ. О, фæлæ аргæ кæны! С о з ы р. Чи? X а д æ. Ие ’фсин! Ныртæккæ йæ аластон æвгъæд- донмæ. Созыр. Арфæ дын кæнын, уæдæ та фæзындзæн <щы дунемæ иу милицион!.. X а д æ. Милиционер... С о з ы р. Чи зоны, уæд та медицинон хо! X а д æ. Чи — медицинон хо... Чи фæнды фæзынæд, мæнæн уæлдай нæу. Гъемæ æз ныртæккæ æвгъæддоны хъуамæ уон! С о з ы р. Цæмæн? X а д æ. Куыд цæмæн? Не ’фсины абæрæг кæнон. С о з ы р. Æмæ ды дохтыр дæ? 183
X а д æ. Оу, мæнæ цы дурзæрдæ дæ, æз ныртæккæ уымæй фыддæр рынчын дæн... Созыр. Ды та цæмæй? Ды дæр аргæ кæныс? (Ныххудтис.) X а д æ. Хынджылæг — уый фæстæ. Цæй-ма, ацы хатт мæ ауадз, стæй дæ рæсугъд.куы ара, уæд дæ æз дæр раивдзынæн, æз дæр дæ бæсты акусдзынæн, иу са~ хат нæ, фæлæ æнæхъæн къуыри дæр. С о з ы р (зары.) Кæрæдзимæ фæкæсын Хæлардзинад куы домы. Кæрæдзиуыл ’фаехæцын Нæ хæс æмæ нæ ном у. X а д æ (зары.) Нымайыс кæд хæстæджы, Кæд уарзыс ды сыхаджы, Уæд бахъуыды рæстæджы Цырагъау судз йæ разы. И у м æ. Æмгæрттæ стæм, æмгæрттæ,— Фарн, рухс амонд нæ хай у, Æрдхæрттæ стæм, æрдхæрттæ Æмæ нæ тых домбай у! Созыр. Ехх кæннæ уæдæ! Домбай нæ, фæлæ мæн- мæ тæрхъусы тых дæр нал ис!.. Цы сарæзтæуа? Цы чындæуа? Хадæ (лæ&ьстæгæнæгау). Созыр... Созыр. Цæй хорз! Иу сахат! Згъоргæ, æрмæстдæ- ма ферох уæд Фарийы нана! ’ Хадæ. Цæй, Фарийы нана аргæ нæ кæны... Созыр. Арынмæ йæ не ’вдæлы, райсом цæугæ кæ- ны... 184
X а д æ (Созыры ныхъхъæбыс кодта.) Æз æй зыд- тон, æцæг æрдхорд дæ! Созыр. Гъæй кæн, æрмæст фæстæмæ тагъд ам куыд уай, афтæ!.. Мæ цæст дын уарзы нæртон лæппу, чызг, цыбырдзырдæй, дæ зæрдæ цы зæгъы, уый. X а д æ. Созыр, се< ’ппæт дæр мæ хъæуынц, мах рæс- тæджы чызг дæр æвзæр нæу! (Азгъордта, уынджы фæ- цæхгæрмæ, фæцæйцыд кæм не ’мбæлы, ууылты. Созыр ыл фехситт кодта.) Бахатыр кæн, æмбал милицион, хис- тæр, кæстæр сержант! С о з ы р (зары.) Сывæллæты цас уарзын! Сабитимæ ахъазын —\ Буцдæр бæллиц нæй. Уæ, царды бибитæ, Уæ, царды дидитæ, Байрæзут фæрнæй! Ехх, Хадæ — тæхудиаг, Уастæн уай тæхудиаг, Ныр кæмæн ис фырт. Ехх, Хадæ — тæхудиаг, Уастæн уай тæхудиаг, Чи бацис ныр фыд! Æмб æ рзæн ДЫККАГ НЫВ, Ног арæзт хæдзары хæрзаив рухс уат. Рудзынгыл дзæбæх æмбæр- зæнтæ, диван-тъахтин. Стъол, йæ алыварс бандæттæ, этажеркæ чин- гуытимæ, йæ сæрыл дидинджытæ. Сценæйы ничи ис, фæлæ фæссце- нæйæ хъуысы сылгоймаджы цъæхснаг зарæг. Бæстæ — хъæлдзæг, зæрдæ райы, Никуы бафсæдин цæрынæй. 185
Охх, æна, æрмæст ма ку’ уаин Сау лæппу кæй уарзы, уымæй! Сагау уæд сыкъатæ суадзин, Раид æрдз мæ худт, мæ хъазтæй, Уарзин, уарзин æмæ уарзин! Хох дæр атаид мæ уарзтæй!.. Фæзынд заргæ Ф у з æ — рæсугъд хъæлдзæг чызг, урс куатæ йæ- уæлæ, дарæс хæрз хуымæтæг, фæлæ хæрзаив. Уæливыхты тæбæгъ æрбахаста \æмæ йæ æрæвæрдта стъолыл. Йæ зарæг фæурæдта, æр~ байхъуыст дзæнгæрæг. Фузæ. Ай, æвæццæгæн, Фари æмæ йæ фыды мад æрбахæцпæ сты. (Разгъордта къæсæрмæ æмæ æрбай- хъуыст Цзеноккайы дзурын). Д з с н о к к а. Ам цæры Ходзты Фари? Фузæ. Ам, ам, табуафси, рахиз мидæмæ. Дзенокка æрбахызт. Æри-ма уыдон ардæм. (Райста йын йæ чыргъæд æмæ йæ чырын.) Дæ хорзæхæй, мæнæ ам абад. Хатыр, фæлæ кæд нæ рæдийын, уæд Фарийы фыды мад дæ? Д з с н о к к а. О, æз дæн Фарийы нана. (Уаты къуымты ракæс-бакæс кæны.) Ф у з æ. Дæ хорзæхæй, бадгæ скæн! Дзенокка. Бузныг, мæ хъæбул, бузныг, сбаддзы- стæм. Ф у з æ. Фари дæм æнхъæлмæ каст... Д з с п о к к а. О, æнхъæлмæ каст... Æмæ уæд мæ1 размæ цæуылнæ’ рацыдис? «Æнхъæлмæ каст»! Цалын- мæ уый æнхъæлмæ каст, уæдмæ æз иваргонд æрцыдтæн уæ’ æнæрайы горæты æгъдау æвæрæг милиционæй æнæ- хъæн фондз сомæй!.. Фузæ. Цытæ дзурыс? 186*
Дзенокка. Мæ къухтæй мын сæ арæмыгъта!.. Ф у з æ. Ау, уый та куыд?! Дзенокка. Ам, сымахмæ алцæмæ дæр æнхъæл- мæ кæсæн ис... Уый та дын горæт! Гъе уый дын уагæ- вæрд! Æвæццæгæн, кæм цы магуса ис, гъе уыдон иу- уылдæр ардæм æмбырд кæнынц, æмæ адæмы сабыр- дард халынц. Ноджы диссаджы уагæвæрдтæ — хистæ- рæй æфсæрмы ма кæн... Хидыл æрбацæйыдтæн. Кæсын, æмæ зæронд лæгтæ æрбацæуынц мæ комкоммæ æмæ иу- варс алæууыдтæн, сæ фæндаг сын куыд алыг кодтаин. Уый тыххæй мын милицион мæ фондз сомы мæ къухтæй акъахта, æгъдау, дам, халыс. Йæ маст аскъуыйа уастæн дæр, бамæстджын мæ кодта уыцы æгъдауæвæрæг... Цæй, кæм ис Фари? Кæм фесæфти? Фузæ. Куыд кæм? Дæ размæ ацыд автостанцæмæ. Дзенокка. Омæ æз ам куы дæн, уæд ма уый кæм ис? Фузæ. Диссаг, æмæ кæрæдзиуыл куыннæ сæмбæл- дыстут? Дзенокка. Æз, мæ хъæбул, автæбузыл не ’рцыд- тæн, фæлæ «Олгæйыл æруадтæн! Фузæ (ныппыррык кæнынмæ йæ бирæ нал ба- хъуыд). Кæй Олгъаимæ? Дзенокка. Мæ къона, Олгъаимæ нæ, фæлæ Ол- гæйыл. Нæ колхозы сæрдар Дзамæрзы Олгæйыл. О, мæ хъæбул, ам мæ сымахмæ ивар кæнынц, нæхимæ та мæ Олгæты ласынц нæ хицауад!.. Афтæбузмæ æнхъæлмæ кæсын, æмæ мæ тæккæ цур алæууыд Дзаммæрз, кæдæм, дам, цæуыс Дзеиокка Хытъоевич?.. Æз, зæгъын, Дзæу- джыхъæумæ куы ныууаин мæ чызгмæ. Æрбабад ма, дам, мæ фарсмæ... Р1æ хъæбулты хурæй бафсæда. Фузæ. Уæдæ раджы æрхæццæ стут уæхицæй? Дзенока. Уæдæ! Æз æнхъæлмæ кæсынæй ме сæфт уынын, æмæ дыууæ сахатæй раздæр æрдзæхст ла- стам. Ф у з æ. Тынг хорз бакодтай. 187
Дзенокка. Уый æппæт адæмæй æрмæст мæн ра- ласта йемæ... Уæдæ... Гъей, гъей, мæ хъæбул, нæ хъæуьг мидæг æз тынг нымад ус дæн. 8-æм Мартъийы бæрæг- боны æгас сылгоймæгты ’хсæнæй мæн февзарынц алы- хатт търибунмæ. Раст зæгъгæйæ, кусгæ дæр хорз кæ- нын. Уæдæ дæ фыдгул амæлæд, фæлæ исчи амард, уæд. æхсæвбадæны мард худын æмæ пыррыччы хай фæ- вæййы... Фæлæ, æз бахъарæг кодтон, уæд дзыназынмæ фæвæййынц се ’ппæт дæр. Гъе, мæ хъæбул, бауырнæд; дæ. Кадджын мард æрцыд нæ хъæубæсты, уæд ыл ца- лынмæ æз бахъарæг кæнон, уæдмæ йæ нæ баныгæндзы- сты... Æрæджы ахæм рынчын æрбадæн, мæ куырмтъан- гæй æмæ мæлынмæ æрцыдтæн. Уæд нæ сæрдар æвип- пайды телефонæй фæдис рахъæр кодта ардæм, æмæ æвиппайды хæдтæхæг, мæнæ йæ сæр пæр-пæр кæмæн кæны, уый мæ тæккæ кæрты æрбадт. Авæрдтой мæ æмæ тæхын .хæхты сæрты, мæ куырмтъанг гыццыл фæсабыр. Дзаммæрзмæ дзурын, иу чысыл мæ, зæгъын, бауадзут рудзынгæй бынмæ акæсын, нæ хæхты ма, зæгъын, фæс- таг хатт фенон. Акастæн, уæдæ цы уыдаид. Гъеныр,зæ- гъын, ме ’мбыд тъанг куы нæ уыддид, уæд, зæгъын, хæдтæхæг-пæрпæрæгыл кæд сбадтаин? Мæнæ, дам, куы адзæбæх уай, уæд, дам, æз æмæ ды иумæ, атæхдзыстæм ТУ-йыл суанг Мæскуымæ дæр. Мæ къона, ахæм аргъ- мын кæнынц, гъе, гыццылæй-стырæй!.. Фу, тынг тæвд у, дон ма мын авæр, мæ чызь Фузæ. Табуафси. (Графинæй уадзы дон.) Айс. Дзенокка. Бузныг, мæ къона, суадоны дон у? Ф у з æ. О, фæлæ кърантæй цæуы. Дзенокка (нуазы). Сызгъæрин æрбауа нæхимæ- дон!.. Ихы къæртты хуызæн! Цас дæ хъæуы, уый бæрц нуаз, дæхи дзы найгæ дæр ныккæн, къранты хуынкъмæ дæ бакæс-бакæс нæ хъæуы. ’Фуз æ. Омæ ам дæр нуаз, найгæ дæр кæн, цас дæ- фæнды, гъе уый бæрц. Д з е н о к к а. О, ма зæгъ. Æрæджы мæ сыхаг ус йæ* 138
лæппумæ рацыд ардæм, æмæ йæ йæ чындз фырбуцæн: анайон, дам, дæ, фæллад, дам, уыдзынæ... усмæ дын чындз фæлæбурдта, йæ гæрстæ йын феппæрста, гъе-мар- дзæ, хорз æй сфынк кодта. Сæрæй, къахæй, къухæй. Стæй... Цы йæ хонут? Мæнæ уæлейæ кæй рауадзут... Ф%у з æ., Душ. Дзенокка. 0, о, душа рауагъта, гыццыл æй æрыхсадта. Стæй уалынмæ кæс, æмæ кърант дон нал дæтты. Цы гæнæн ма уыд усæн æмæ афтæмæй скодта йæ гæрстæ... Цыбыр дзырдæй, нæхимæ йæ сапон нал ба- хъуыд. Гъе уый та дын дæ кърант... Æллæх, мæ дæн- даг!.. (Шæ русыл фæхæцыд.) Ф у з æ. Цы кодтай? Д з е н о к к а. Мæ дæндаг! Нырриуыгъта та мæ. Æл- лæх! Æллæх! Ф у з æ. Мæнмæ ис дæндаджы хос... Дзенокка. Нæ, нæ, мæ хъæбул! Дохтырмæ цæ- уын, уадз æмæ йæ сæппарæнт. Æллæх, æллæх! Кæм и уæдæ уыцы чызг? Мæнæн мæ бон нал у уый бæрц æн- хъæлмæ кæсын. Фузæ. Ныртæккæ æрбацæудзæн. Мæнæ уал ам (диванмæ амоны) дæ фæллад суадз, баулæф... Æри-ма,- дæ туфлитæ дын раласон. Дзенокка. Нæ, нæ хъæуы. Фæлмæн диван у? (Асгæрста йæ.) Фари йæхæдæг иунæгæй цæры? Ф у з æ. Иунæгæй. Дзенокка (уаты къуымтæм та ракæс-бакæс кæ- ны). Иицы йын у, йæ уат дзæбæх у... Ф у з æ. Фабрикæй йын æй радтой! Д з е н о к к а. Сæ цæрæнбон бирæ уæд, хорз фабри- кæ у, адæмæн хорз æххуыс кæнынц, куыд кæсын, афтæ- мæй йумæ кусут, цæргæ дæр фæрсæй-фæрстæм. (Къа- хæгау.). Æмæ куыд у, Фаримæ уазджытæ арæх вæййы? Ф у з æ. Куыннæ йæм вæййы, кæй зæгъын хъæуы,. вæййы йæм. Дзенокка (къахæгау). Чи? 189
Фузæ. Мæ хистæр хо... йæ чызгимæ. Уæллаг уæла- дзыджы чызджытæ — нæ цехы кусджытæ... Дзенокка. Лæппутæ йæм не ’рбацæуынц? (Къул- лæ кæсы, ирон дарæсы ист Созыры къаммæ.) Ф у з æ. Нæ, уанцон нæу, цытæ дзурыс? Дзенокка. Мæ хъæбул, ма йæ басусæг кæн, дзургæ. Ма тæрс, æз ахæм æнæфенд ус нæ дæн! Ф у з æ. Омæ йæм искæй куы федтаин ,уæд дын æй цы сусæг кæнын? Дзенокка. Æмæ уæдæ Фаримæ йæ уарзон Со- зыр дæр никуы æрбауайы? Мæнмæ фыста гъе уый тых- хæй, зонын æй. Ф у з æ. Ахсæвы фыдæх мæ уæд, иунæг хатт дæр æй пикуы фсдтон æрбацæугæ. Дзенокка. Никуы æрбацыд? Никуы йæ федтай? Ф у з æ. Никуы. Д з е и о к к а. Æмæ йæм, чи зоны, кæд æрбауайы, уæд та? Фузæ. Мах æй хуыдтам, фæлæ уæддæр не ’рба- цыд. Дзенокка. Æфсæрмы кæны, æвæццæгæн... Уый хорз, æмæ йæ ды зоныс? Хорз æй зоныс? Ф у з æ. Хорз æй зрнын. Дзенокка. Æмæ? Ф у з æ. Ома, цы? Д з е н о к к а. Гъемæ... лзургæ... Ф у з æ. Æмæ дын цы дзурон? Дзенокка. Мæ къонайыл, мæнæ цы æнæмбаргæ дæ! Куыд цы дзурай? Дзæбæх лæппу у? Ф у з æ. Ома куыд?ч Кæй з-æгъык æй, хъæуы... ницы йын у!.. Дзенокка. О, ме скæнæг! Афтæ ма мын æй кæ- рæй-кæронмæ радзур: чи у? Кæцæй у? Йæ фыд чи у? Т\æ мад? Ис ын фыды мад? Л1фсымæртæ, хотæ? Чи сты пæ хæстæджытæ? Кæм цæрынц, кæм кусынц... Æз се ’ппæты дæр хъуамæ зоион. 190
Фузæ. Ныртæккæ Фари æрбацæудзæн, æмæ дык сæ йæхæдæг радзурдзæн. Дзенокка. Гъæ-æ, уымæ æнхъæлмæ кæсын хъæ- уы, мæнæн та мæ бон æнхъæлмæ кæсын нæу. Ф у з æ. Уæдæ йын фыды мад ис, уый нæ зонын, фæ- лæ йын фыд ис, слесырæй кусы заводы. Дзенокка. Заводы, зæгъыс? Уый хорз у. Кърæнт- тæ-йедтæ аразы, и? Фузæ. Ай-гъай аразы! Йæ мад та кусы хуыйæн фабрикæйы, къабатæ хуыйы! Дзенокка. Уый дæр хорз! Уæдæ Фарийы хуый- джытæм згъорын нал хъæудзæн. Хорз, йæ фыды ’фсы- мæрты устытæ та? Фузæ. Гъе уыдоны тыххæй æппæт дæр зонын. Йæ иу фыды æфсымæр кусы шофырæй.. йе ’ннæ фыды æф- сымæр та кусы шахтæйы, æртыккаг—инженерæй. Се ’ппæты кæстæр та студент у, ахуыргæнæг уыдзæн. Дзенокка. Хæстæг хорз куы уа, уæд уый амонд- джын хъуыддаг у. Хæстæгæй лæг кæддæриддæр сæрыс- тыр хъуамæ уа. Дæхæдæг зоныс, мах дæр цауддæр не стæм! Цы йæ хонут? О, Созырæй зæгъын, куыд æм ’кæ- сы Фари? Фузæ. Цытæ дзурыс, авгау ын æрхауынæй куьг тæрсы!.. Æнæ Фари иу сахат дæр йæ бон нæу/куы йæ фены, уæд ныффæлурс вæййы. Дзенокка. Стæй куыннæ хъуамæ ныффæлурс уаг ахæм чызджы бауарзта, мæхицæй уæлдай нæу. Хъæд- дых чызг у. Æмæ уæд кусгæ та кæм кæны? Ф у з æ. О, йæ куыст тынг зын куыст у, фæлæ царды тынг чи хъæуы, ахæм куыст. Æгъдауæвæрæг. Дзенокка. Хуыцауæй бузныг. Уый та цавæр куыст у? Фыццаг хатт хъусын æгъдауæвæрæг... Цæй, милицион ма уæд, æндæр... Дæ-дæ-дæй, мæхи æрбама- рыныл сразы уаин, уæддæр милиционæн мæ чызджы нæ раттин. Фузæ. Омæ уый уымæн йæ куыст... 191'
Дзенокка. Цы? Фу.з æ. Нæ... ницы. Дзенокка. Æллæх! (Шæ русыл фæхæцыд.) Охх, уыцы милицион мæ цæстытыл куы ауайы, уæд та мæ мæ .дæндаг срæхойы. Ф у з æ. Уæд та дын хос авæрин? Дзенокка. Нæ, нæ, нæ хъæуы. Æз ныртæккæ дохтырмæ цæуын, уадз æмæ йæ сæппарæд. Æртæ æхсæ- вы мæ фынæй кæнын нæ бауагъта. Кæм ис, кæ, уæ рынчындон? Ф у з æ. Марковы уынджы. Кæд дæ фæнды, уæд де- мæ ауайон. Дзенокка. Нæ, нæ, мæхæдæг! Сымах ссардтон, уæд рынчындоны та ноджы тагъддæр ссардзынæн. Дзæ- гъæлы нæ фæзæгъынц: фæрсгæ фæрсын, дам, лæг Хуры- хъæу дæр ссардзæн. Æрмæст мын Хуыцау гъе уый бæрц амонд раттæд æмæ уыцы милиционимæ куыннæуал сæм- бæлон. Фари куы æрбацæуа, уæд ын зæгъдзынæ, кæй æрхæццæ дæн æмæ зæгъ йæ дæндаг ласынмæ ацыд. Ма тыхсæд, тагъд фездæхдзынæн. Ф у з æ. Æз æппæт дæр зæгъдзынæн, тыхсгæ ма кæн. Дзенокка ацыд, Гъе уый дыы гъе! Стыр диссаг! Милицæйæ йе сæфт цæмæн уыны. Фари мæ куы фæрса, уæд ын цы зæгъдзы- нæн, нæ зонын... (Зары.) Мæнæ диссаджы уавæр! Цы саразон — нæ зонын. Зæгъон æви ма зæгъоц? Æмбæхст æви æргом уон? Куы радзурон рæстдзинад — Фари йæхи бахæрдзæн, Ма йæ зæгъон — æвзæрдæр — Уый фæстæ мæ бафхæрдзæн. 192
Æниу ын æй цæмæн хъуамæ бамбæхсон? Цы аипп пс Созырмæ? Адæймаг куы бæзза, йе ’гъдау йæхимæ куы уа, уæд куыстытæй иу дæр рафауинаг нæу, алы куыст дæр хорз у. Æниу æз мæхæдæг нæ бацæуин ми- лпцæмæ!.. Фæлæ мæ кæм айсдзысты... Ехх, а чызг дзы æгъдæуттæ бæргæ æрæвæрид! Дуар куыд гомчындæуы, уый æрбайхъуыст. Ф а р и æрбацыд фæл- ладæй, тынг тыхстæй. Ф а р и. Хуыцауы дзæгъæлы фæтахтæн йæ размæ... Нс ’рцыд нана, иу автобус иннæйы æййæфта, фæлæ уæддæр нана зынæг нæй. Фузæ (тæригъæдгæнæгау). Мæгуыр, Фари! Дис- 'Саг, цы фæуыдаид! Космосмæ ма стæхæд, мыййаг, дæ нана!.. Ф а р и. Ныууадз ма, цæй, дæ хъазын, Фузæ! Ныр- тæккæ æз хъазыныл нæ дæн, æз тынг тыхсын, уый ахæм у, æмæ йæ бон у мæймæ дæр стæха! Фуз1æ (ныххудтис). Уæдæ мауа-л тыхс! Ам ис( дæ’' нана! Ф а р и. Куыд ам? Фузæ. Куыд вæййы, афтæ, Олгæйыл æртахти. Мæ- иæ йæ чырын æмæ йæ чыргьæд. Ф а р и. Æрхæццæ? ’ Фузæ. Сæ сæрдар æй Олгæйыл æрдавта. Ф а р и (ныххудтис). Æцæг «Волгæйы» хоны Олгæ? Нæ дын загътон, хæйрæг зæронд ус у, мæймæ дæр нæ •фæзнвæг кæндзæн. Кæм и ныр? Ф у з æ. Поликлиникæмæ ацыд. Ф а р и. Куыд, фæрынчын?! Фузæ. Цæй, ма йын тæрс, Йæ дæндаг срысти. Нæ зонын, фæлæ цæуылдæр тынг тыхст у... æрмæст ды ма тыхс... Ф а р и. Цæй-ма, ма мæ тухæнæй мар, зæгъ мын, цы æрцыди, уый. Ф у з æ. Дæ хорзæхæй, дæхи ма тыхсын кæн. Ныр- 7 Лавер Мæхъкты 193
тæккæ йæ ардæм хъæуы. Ахæм тыхстæй æрбацыд æмæ* дын æй куыд бамбарын кæнон...- Ацы, горæт, дам; се ’ппæт дæр абырджытæ сты. Ме 'хца,<дам, мын мæ къух- тæй арæмыгътой. Ф а р и. О, ме скæнæг, гъе уый хъуаг ма *уыд. Ра- джы ацыд? Ф у з æ. Дæ хæд размæ. Ф а р и. Ахæм æнæрынцой у, иу минут йæ бынаты нæ абаддзæн. Уæд та Созыр тагъд куы æрбацæуид, кæд æй уый ссарид. Чи, дам, мын аскъæфта ме ’хца, ницьг загъта? с Фузæ. Æмæ-гъа. О, хæдæгай, Фари! Бынтон бæл- лæх! Ф а р и. Цы у? Ноджыдæр ма дзы исты адавди? Фузæ. Фыддæр, фыддæр! Ф а р и. Цы фыддæр ма ноджы? Фузæ. Гыциыл ма мæ бахъæуа æппæт дæр ын ма* ралæхурон... Ф а р и. Цæй тыххæй? Фузæ. О, мæ рафæлдисæг! Созыр милицион кæйу„ уып тыххæй. #Фар и. Æмæ цы? Милицион кæй у, уый цæмæй æв* зæр у? Фузæ. Дæ нана афтæ зæгъы, æрмæст, дам, мили- цион ма уæд, æндæр, дам, чи фæнды дæр уæд. Ф а р и. Цы, дам? Ф у з æ. Афтæ, дам. Ф а р и. Уæд, дам, цæмæн? Ф у з æ. Нæ зонын... Æрмæст уый зонын æмæ ми- лицæйы коймæ йæ дæндаг срысти! Ф а р н. Цы, цы? Фузæ. Милицæйы кой, дам, ’куыддæр фехъусын, афтæ, дам, мæ дæндаг сриссы! Цыбыр дзырдæй, мшпг- ционы койæ йе знаджы уд сцæйхауы... Ф а р и. Уайтагъддæр æй зыдта мæ зæрдæ... Цы ба- чындæуа иыр? Созыр дæр фæстиат кæны. Уый æнæмæнг 194
жæ милиционы дзаумайы æрбацæудзæн, æз æй зонын! Тьшг зæрдиагæй йæ фæнды, цæмæй нанайы зæрдæмæ •фæцæуа. Иæ мундир та йыл тынг фидауы... Ф у з æ. О, тынг ыл фидауы! Уæлдайдæр та сæрды- гон парады кæй скæны, уый... Ф а р и. Цæй-ма, цы бачындæуа? Исты мын бауы- чшффæ кæн. Ф у з æ. Нæ зонын. Ф а р и. Ау, æнæуый дыууæ цæсты ’лсæнæй фындз -куы фелвасдзынæ... Фузæ (дыууæрдæм рацу-бацу кæны). Ныртæккæ, ныртæккæ, бауадз мæ хъуыды кæнын. Ф а р и (æрхъæцмæ нал хъæцы). Цæй, цы æрхъуыды кодтай? Ф у з æ. Фæлæуу-ма, фæдис нæу. Паузæ. Ф а р и. Цы?! Ф у з æ. Афтæ... Нæ, уый дæр нæ бæззы! (Хъуыды .кæны.) Нæй дæуæн афтæ бакæнæн. Ф а р и. Цы? Ф у з æ. Нæй, уый дæр нæ бæззы. Ф а р и. «Нæ бæззы» дарæг мауал уæд дæ хæдза- рæй!.. Цы, цы нæ бæззы, зæгъ-ма йæ?! Ф у з æ. Нанаимæ аныхас хъæуы! (Иумæ зарынц.,.) Ис кæрдгæ къæдзæх нæ разы, ’Мæ нæ акъахдзæф нæ уадзы. Ф а р и. Омæ щл бачындæуа? Цы сарæзтæуа? Ф у з æ. Зæрдæ бамæгуыр и риуыл, Сæр куыройы цалхау зилы. Ф а р и. Омæ цы сарæзтæуа? Цы чындæуа? Ф у з æ. Æнæмæнгæй исты æрхъуыды хъæуы, цæмæй дзы аирвæзæм. Æрхъуыды нæ хъæуы нана милицæ- имæ... : 195
Ф а р и. Уый æз дæр зонын; -Зонын æй! Æмæ дæдо æнхъæлмæ кæсын уынаффæмæ. Куыд æй сарæзтæуа? Ф у з æ. Охх, куыд æхсызгон хъæуы зондджын уы- наффæ. Ф а р и. Баххуыс нын кæнут, адæм, уæ хорзæхæй!!! Фузæ. Ис аирвæзæн. Созыр æнæмæнгæй æрбаиау- дзæн? Дзæнгæрæджы зæлланг æрбайхъуыст. Ф у з æ. Æз ын бакæндзынæн дуар. (Фузæ азгъорд- та дуар кæнынмæ.) Ф а р и тагъд-тагъд йæхи адзæбæхтæ кодта. Æрбахызтис С о з ы р„ йæ уæлæ урс китель. С о з ы р. Бар ис? Ф а р и. Ох, Созыр, мæ цæстытæ мын ныуурс кодтайг æнхъæлмæ кæсынæй. Уайгæ кæн фæстæмæ!.. С о з ы р. Цы хабар у, исты æрбахæссын хъæуы? Ф а р и. Ницы, фæлæ дæ дарæс раив. С о з ы р. Цæмæн? Нæ мыл фидауынц? Ф а р и. Тынг дзæбæх дыл фидауынц. Фузæ. О, фæлæ нана... С о з ы р. Нæма æрхæццæ? Ф а р и. Иæ бæллæх дæр гъе уый мидæг ис, кæй æр- хæццæ! С о з ы р. Æмæ æз гъе уый тыххæй куы скодтон мæ бæрæгбоны дарæс! Ф у з æ. Нæ, раивын сæ хъæуы!.. Ф а р и. Æнæмæнгæй!.. Созыр. Фæлæуут-ма, æвзæр сыл сæвæрдтон йту?* Ф у з æ. Тынг хорз! Æрмæст сæ раив. С о з ы р. Искуы мæхи счъизи кодтон? Ф а р и. Мауал фæстиат кæн, Созыр, ныртæккæ æр- бацæудзæн нана. Созыр. Фæлæуу-ма, æз уæ уæддæр не ’мбарын... 196
Ф а р и. Нана дæ милиционы дарæсы куы фена, уæд хьуыддаг бабын ис... Гукк! Ф у з æ. Афтæ, афтæ... Зæронд ус фæтæрсдзæни... Соз ыр. Ау, милиционы формæ бирæгъдзарм у?! Ф а р и. О, нанайæн бирæгъдзармæй фыддæр у, кæд мæ нал уадзыс, уæд... С о з ы р. Гъемæ хорз уæдæ. Ф а р и. Кæсыс, куыд æмбаргæ лæппу разындтæ! Цæугæ. С о з ы р фæцæйцыд. Фæлæуу! Ф у з æ. Дæ цухъа дæхимæ нал ис? Куыд дæм кæсы, 'Фари? Ф а р и. Уый æвзæрдæр нæ уаид. Рæсугъд дыл фи- дауынц, стæй нана дæр тынг уарзы ирон дарæс. Ныр дæр ма йæ чындздзон худ æмæ риуы æгънæджытæ, стæй йæ камари рон йæ чырынæй уæлæмæ нæ исы. С о з ы р. Нырма мæхимæ сты, бæргæ. Райсом нæм концерт уыдзæн... Цæй, æз ныртæккæ фездæхдзынæн... (Ацыд.) Ф а р и. О, ме сфæлднсааг, замманайы фæнд) æр- хъуыды^кодтам. (Зары.) Нæ тыхст, нæ зынтæ æрбайсæфдзысты.— Нæ мæм фæхæрам мæ уарзон. Г1æ чындзхонтæ мæм æрбацæудзысты, Фæлæ уал уæдмæ фæразон. Ф у з æ (зары.) х Уырпы мæ, мæ бон, кæп фæцæудзæни Созыр нанайы зæрдæмæ. Дæуау амондджын уæд чи уыдзæни! Æрмæст ма бабыхс гæзæмæ. 197
Ф а р и (ныхъхъæбыс æй кодта). Дæ фæхъау дыш куы фæуаин, бæргæ, æмæ афтæ куы рауаид!.. Ф у з æ. Ехх, Фари, фендзынæ дæ хъуыддæгтæ куыл дзæбæх рауайдзысты! Хадæ уыцы абырæджы ссардзæн. Ф а р и. Цалынмæ йæ не ссара, уæдмæ йæ нана нæ* зондзæн, Созыр милицион у, уый. Фузæ. Фæлæуу-ма, мæнмæ гæсгæ та йын æй зæ- гъæм. Уæддæр æй Созыр ссардзæн уыцы абырæджы. Ф а р и. Ууыл мах ахъуыды кæндзыстæм, Созыр на- найы зæрдæмæ куы фæцæуа, уæд. Ф у з æ. Ууыл ма маст кæн. Фæцыд йæ зæрдæмæ^. афтæ йæ нымай. Ф а р и (сывæллонау бацин кодта). Бæргæ, дæ дзы- хы фарн куы фæуаид, бæргæ. (Дзæнгæрæг. Азгъордтсс дуармæ. Æрбаздæхт нанаимæ.) Мæ зынаргъ нана, алæ- бон æгас мæм цæуай. Мæ зынаргъ, нана! Æллæх, куыд. мæ фæтæрсын кодтай, уый куы зонис. Мæ зæрдæ куыд рыстис, мацы йыл, зæгъын, æрцæуæд. Æнхъæлмæ кæ~ сын автобусты станцæйы... Æхсæрысæры автобус æр- хæццæ. Иæ размæ базгъордтон, адæм рахызтысты. Нæй„ Афарстон шофыры, ахæм æмæ, зæгъын, ахæм зæронд усы нæ федтай? Нæй, дам... Дзенокка. Гъей, мæ хъæбул, æнхъæлдæн æмæ дæ нанайы нал зоныс. Хъуамæ ды ахъуыды кодтаис, æз фæстиат кæй никуы фæкæнын, уый. Нæ сæрдар мæ Ол- гæйыл æрдавта! Афтæ, афтæ! Æз суанг сывæллонæй нырмæ алы хъуыддаджы дæр се ’ппæты разæй вæййын. Кæд ме ’фсымæримæ фаззæттæ уыдыстæм, уæддæр раз- дæр æз райгуырдтæн. Ф а р и. Кæсыс, Фузæ, цы хуызæн нана мын ис! Фузæ. Æз дæ нанаимæ дзæбæх азонгæ дæн. .Дзенокка. Фæлæуут-ма, мæ хъæбултæ... Мæнæ мыл мæрд,ырох куыд бахæцыдис, куыннæ сæ систон... (Чыргъæдæй систа тæбæгъы ног конд уæливыхтæ, сæ сæрыл карк æмæ дурын арахъ æмæ сæ Ътъолыл æрæг 198
вæрдта.) Кæс-ма, нырма хъарм сты, мæнæ ма дын цыхт, æйчытæ. Ф а р и. Ой, нана, гъеныр дæхи цæмæн сфæлмæцын кодтай, æфцæгрæбынæй уыцы уæззæуттæ фæхæсс, кæн- нод цыхтытæ, æйчытæ та кæдæм хастай? Д’з/’е ню к к а. ^Æжрæ’ ма’Ьдзур^ • Ам ’горæты пачым къæбæрæй кæй цæрут, уый æз нæ зонын... (Чумæдан байгом кодта æмæ дзы исы лæвæрттæ.) Мæнæ дын лæ- вæрттæ дæр раластон. Мæнæ дын адон Варинкъа æрæр- выста... Мæнæ адон та Елдзарыхъойæ, мæнæ адон та дæ мады хо Сафирæтæй... Мæнæ дын ацы туфлитæ та æз алхæдтон къабайагимæ, цъындатæ æмæ адыкалоны авг. Ф а р и. Стыр бузныг, нана, стыр бузныг се ’ппæтæн дæр... Нана, куыд дæ баивтыгътой уыцы уæззæуттæ хæссыныл... Дзенокка. Уæззау? Цæй уæззау! Хъæбулмæ хæс- синаджы уæз нæ вæййы. Нæ колхозы фæсивæдæй иуæй- иутæ арæх’ афтæ фæдзурьшц: Дзеноккайæн аххуыс хъæ- уы. Йæ бæсты дон æрбадавон, йæ бæсты фæтæген æрба- давон... Цыбыр дзырдæй, чи зоны æмæ иуæй-иуты ба- фæндид Дзенокка пенсимæ куы азгъорид? Чи зоны æмæ; ды дæр афтæ зæгъынмæ хъавыс? Ф а р и. Цытæ дзурыс, нана, ды махæн хæрз æрыгон нана куы дæ. Не ’ппæтæй дæр цæрдæгдæр, не ’ппæтæй рæсугъддæр, не ’ппæтæй хъæлдзæгдæр! Фузæ. Æз дæр афтæ зæгъын, куы дæ федтон, уæд дæм бахæлæг кодтон... Дæ карæнæй мах, æвæццæгæн, тæсчъы хæссинаг фæуыдзыстæм. Дзенокка. Цæй, цæй, мæ чызг, ды дæр ма рай- дай дæ таурæгътæ. Сымахæн нана дæн, фæлæ сабесæн нырма гыццыл гыгы дæн. Ф а р и. Фузæ, куыд æнхъæлыс, нанайы бригад æнæ- хъæн 15 азы æппæты хуыздæр тыллæг дæтты, алы æм- бырды æппæты фыццаг нанайæ райдайынц æппæлын. Дзенокка. Æгæр мæ не ’ппæлыс, мæ хъæбул, 199
æгæр мæ ма ’ппæл, кæинод мæхиуыл фервæсдзынæн. -Мæнæ ма ацы кæрдотæй ахæрут, мыдæй уæлдай не сты, нæхи бригады дыргътæй сты. Ф а р и. Цæй, куыд дæ, дæ зæрдæ куыд у? Д з е н о к к а. Фæрсыс! (Æртæйæ дæр зарынц.) Ф а р и. Ныр куы зæгъæм мах æргомæй, Уæд Ирыстоны дырт>донæй. Дзенокка. Нæй мæхионæй хуыздæр! Фузæ. Уемæ разы дæн æз дæр! Ф æ р и. Уалдзæг дидинæг фæкалы, Уæлдæфы хæрздæф фæдары. Д з е н о к к а. Фæззæджы фæдары сырх. Ф у з æ. Тугыл аскъуыйы йæ дыргъ! Ф а р и. Кусагдæр кæм ис нанайæ, Ничи баййафдзæн нырма йæ. Дзенокка. О хуртæ, куыстæй у цард! Ф у з æ. О, фæлæ дзы ма лидз дард!.. Дзенокка. Мæнæ мæ куыд æрбайрох, мæн рай- сом раджы цæуын хъæуы, мæ бригад мæм æнхъæлмæ кæсы. Фæдзур-ма уыцы лæппумæ, Созырæй зæгъын. Æз йемæ базонгæ уон, æз æм æркæстытæ кæнон, æз æй хъуамæ зонон, мæ чызджы кæмæн дæттын, уый! « Ф а р и. Ныртæккæ ам уыдзæн. Д з е н о к к а. Уыцы «ныртæккæ» нæма æрхæццæ æви? Мæнæн рæстæг бирæ кæй нæй, зæгъгæ, уын куы зæгъын. Ф а р и. Æз ын загътон, нана, зыдта кæй æрцæудзы- нæ æнæмæнгæй. Нæ фæсайдзæн. Зæрдæйæ йæ фæнды демæ куы базонгæ, куы бахæлар уаид. Д з с н о к к а. Зонын æй, зонын, Фузæ мын сæ фæ- дзырдта: кæд æцæг ахæм бинонтæ æмæ хæстæджытæй у, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, мæ зæрдæмæ фæцæу- дзæи. Сæйрагдæр — æгайтма хорз, бынаты кус|Ы. Æгъ- дауæвæрæг! Уый мæнæ милицæты-йедтьй хуызæн нæу(. Ф а р и æмæ Ф у з æ кæрæдзимæ бакастысты. 200
Уымæн дæр лæвар æрхастон. (Систа тыхтон.) Цы хонынц ацы хъуымац? Кричит матрал. Ф у з æ æмæ Ф а р и ныппыррыкк кодтой. Фузæ. Кримплин! (Æрбайхъуысти дзæнгæрæджы хъæр.) Фари, Уый у! Ф у з æ. Ды йын дуар бакæн, æз та фыдджынтæм бакæсон. Дзенокка. Афтæ, афтæ. Сæ хуылфы сын бас акæн, нана ахæм донджын фыдджын уарзы. Ф а р и æмæ Ф у з æ ацыдысты. Дзенокка кæсæнмæ бацыд, йæ сæрбæттæн дзæбæхтæ кæны. Стъолæй духи райста æмæ дзы йæ- хчуыл бапырх кодта. Фæндырмæ фæкомкоммæ, райста йæ æмæ дзы «Ханты цагъд» кæны. Уыцы рæстæджы æрбацыдысты Ф а р и æмæ С о з ы р. Созырæн ирон фæлыст йæ уæлæ, йæ къухты цалдæр тыхтоны, къоппытæ. Дзенокка. Уый нæм замманайы уазæг куы фæ- зынд, мæ чызг. Ф а р и. Нана, базонгæ у... Созыр... С о з ы р (нанайы ауынгæйæ йæ цæсгом асырх, цыма æфсæрмы кæны, уый хиызы æвдисы йæхи æмæ йын йæ къух исы зæхмæ кæсгæйау). Дæ бонтæ хорз. Дзенокка (нæ йæ базыдта). Бирæ цæр, мæ хур, бирæ. Табуафси, сбад. (Зыд кæстытæ йæм кæны.) Сбад, лæппу, æфсæрмы ма кæн. С о з ы р архайы, цæмæй йыи йæ цæсгом ма фена, ууыл. Стъолы кæрон æрбадт. Чызджытæ, истæмæйты нæ хорз фенут... Ф а р и. Иыртæккæ, нана! (Магнитофон сифтыгъта.) Дзенокка. Цы дзæбæх цæгъды!.. Чи у цымæ? С о з ы р, Булат! Дзенокка. 17ый дæлæ Уæлгинскæйаг лæппу нæу? С о з ы р. О, Гæздæнты лæппу. 201
Д з е н о к к а. Æмæ мæм цымæ кæм байхъуыстаид?.. Иууылдæр ын мæ цæгъдтытæ сты!.. Ф у з æ (Дзсноккамæ бауад æмæ йын йæ хъусы дзу- ры). Цæй, куыд дæм кæсы де сиахсаг? Дзенокка. Нырма йын ницы у цухъайы... фенæм дарддæр... цы уыдзæн, уый фендзыстæм. Ф у з æ. Цæй, бахатыр кæнут, æз къухнимæ бакæсон, мæ фыдджынтæ ма басудзæнт. (Фузæ ацыд.) Д з е н о к к а. Газ куы уа, уæд, кæй зæгъын æй хъæ- уы, хæринаг иу минутмæ дæр ацæттæ уыдзæн. Мах кол- хозмæ дæр тагъд бауадздзысты газ. Ф а р и (сусæгæй Созырæн). Цæй, цы ныфсæрмы дæ. Федтай, цы хуызæн нана мын ис! (Стъолыл дыргътæ æрæвæрдта æмæ ацыд.) к Д з с н о к к а. Ахæр уал фæткъуытæ. Мæхи цæхæра- доны зайынц, Æхсæрысæйраг фæткъуытæ. С о з ы р (Дзеноккамæ æфсæрмы каст бакодта). Бузныг. Д 3| е ,н о к к а. Цавæр æфсæрмы’гæнаг лæппу дæ? Уæвгæ, æфсæрмы кæнын дæр хорз у. Хъæуы æфсæрмы кæнын! Кæннод вæййы ахæм æдзæсгæмттæ æмæ дæ æм- бисбон уынджы бæрæг астæу бастигъдзæн... (Созыри- мæ фемдзаст сты.) Фæлæуу-ма, кæмдæр дæ цыма фед- тон... Кæм дæ федтаин?.. (Фæндыр райста.) Уæд та дын зæронд цæгъдтытæ акæнон? Ф у з æ фыдджынтæ æрбахаста æмæ сæ стъолыл æрæвæрдта. Фузæ, грамафон ма иуварс айс, æз уын мæхи цæгъд- тытæ акæнон. Ф у з æ магнитофон ахуыссын кодта. Дзенокка уæздан цагъд кæны. Мæ мард фен, Фузæ, ды Созыримæ иу кафт куы нæ акæнай. С о з ы р. Нæ... нæ... нæ... зонын... кафын. Дзенокка (фæкомкоммæ та йæм). Кæмдæр дæ 202
цыма федтон, мæнæ лæппу... Æхсæрысæры никуы цард- тæ? С о з ы р. Никуы... Дзенокка. Вæййы, вæййы. Хуызæнæй хуызæн- мæ, дам, лæгтæ амардæуыд. Чи зоны æмæ... гъе уый хуызæн дæ. С о з ы р. Чи зоны æмæ дæн гъе уый хуызæн. Ф у з æ. Уанцон нæу, нæ кафджыты хуыздæр куы дæ. Дзенокка йын «Ханты цагъд» кæны, С о з ы р æмæ Ф у з аэ кафынц, С о з ы р дардыл азилы, цæмæй йын Дзенокка йæ цæс- гоммæ ма* бакæса. Ф а р и (нанайы цур алæууыд æмæ йæ фæрсы). Куыд дæм кæсы йæ уæнгты ахаст? Дзенокка. Тынг рæсугъд уæнгты ахаст ын ис, нæ лæджы æрцыдмæ дзæбæхæй цæрæд; цæрмыстыгъд æй бакодта, ме ’взонджы бонтæ мын мæ зæрдыл æрбалæу- уын кодта. (Фæстагмæ сын рог цагъд æркодта. Созыр- нанайы раз йæ къах-къухтæ ныссагъта.) Нæ, уæддæр цыма уый хуызæн у... (Базыдта йæ.) Фæлæуу-ма, фæ- фæлæ^у! С о з ы р. Æ?.. Æз? Д з е н о к к а. Ды, ды, уæдæ дæ фыды фыд?! Чи дæ* ды?! * С о з ы р. Æз?.. Д з е н о к к а. Ды! Ды! Базыдтон дæ! Уый ды дæ?Г Ф а р и (ницы æмбары)\ Чи? С о з ы р (тынг тыхстæй). Æз... Дзенокка. Уый у, уый! Ф а р и. Чи? Дзенокка. Акæс-ма ацы абырæгмæ, йæхи æнæзо- нæг куыд акодта!.. Ай мæ бастыгъта æрдæбон, стыгъ- ды æрбауа! Ф а р и. Цы дæ бастыгъта, уый ма мын дзæбæх бам- барын кæн. 203
Дзенокка. Уый йæхæдæг хорз зоны! Æри мын мæ фæллой ныртæккæ! Ф а р и. Цы хабар у? Цавæр фæллой? С о з ы р. Байхъус-ма, нана... Д з е н о к к а. Дæ нана дæ быныл аззайæд, уый дын нана!.. Æз абырæгæн нана нæ дæн! С о з ы р. Æрсабыр у... Дзенокка. Не ’рсабыр уыдзынæн, цалынмæ мын ме ’хца раттай, уæдмæ! Ф а р и. Цавæр æхца? Нана, æппын ын бамбарæн нæй? Дзенокка. Цы ’мбарын дзы хъæуы? Алцы дæр ^ембæрстгонд у! Дæ нанайы дьш бастыгъта мæнæ ацы милицион! Ф а р и. Бастыгъта? Д з е н о к к а. Бастыгъта. Ф а р и. Рæдийыс! Д з е н о к к а. Иæ рæдийын! Ф а р и. Ай у, æз дæм кæй тыххæй фыстон, гъе уы- цы лæппу — Созыр. Дзенокка. Чи? Мæнæ гъай уыцы Созыр у?! Æ, мæ фæрстæ дын куыд фехæлдысты, дунейы хæрзæджы- тæй амæй хуыздæр чи не ссардта!.. Адде йæ кæн мæ цæстыты разæй! Оу, мæ зæрдæ!.. (Уæлгоммæ ахаудта диваныл.) Ф а р и. Цы кодтай, нана? (Дон ын дæтты.) Дзснокка (тыххæй цыма улæфы)^ Мæ хъæбул, иы бакодтай? Цæмæн мæ бабын кодтай? Æгас Дзæу- джыхъæуы кæй бауарзтаис, ахæм æндæр нæ уыдис?! (Ныхъхъарæг кодта.) йæ быны бындур ныззила, уас- тæи, æгас горæты æндæр кæй фæивар кодтаид, ахæм пал уыдис?! Ф а р и. Ивар? Цавæр ивар? Цæй тыххæй ивар, на- на? Дзенокка (ныхъхъарæг та кодта). Мæнæ мын дæ судзгæ уарзон хиды хъус æнæхъæн фондз сомы мæ 204
дзыппæй акъахта. Æз та йын ам «Ханты цагъд» кæнын, мæ бон бакæла!.. С о з ы р. О, гъо-гъо. (Къухмæрзæнæй йæ цæссыгтæ сæрфы.) Цы бачындæуа, куыст куыст у, закъон закъон у æмæ йæ халын никæй бон у! Ф а р и. Цы бакодтай, Созыр? Цæй тыххæй йæ фæ- ивар кодтай? Соз ыр. Уагæвæрд кæй хæлдта, уый тыххæй. Хиды тæккæ бæрæг астæу слæууыдис тæфæрфæсгæнæгау, æп- пæт горæты змæлд ныуурæдта. Хистæртæн, дам, æгъдау дæттын. Ноджы ма йæм кæд разынди арахъ дæр. Хис- тæр лæгты разæй куыд ахизон, æгъдау, дам, нал ис? Ра- кодтон æй иуварс, мемæ зæгъын цом отделенимæ. Цæ- мæн, дам, мæ кæныс уырдæм? Гъе ныр ма дæхæдæг ахъуыды кæн, горæтмæ арахъытæ лас!.. Иу æмæ дыу- уæйы æрцахстам ацы спекулианттæй!.. Гъе уый тыххæй йæ фæивар кодтон. Дзенокка. Хъусыс, хъусыс!.. Гъеныр уый хъуа- мæ суа мæ буц сиахс! Уæдмæ дæр уал дын æнæ усæй «мæн у» зæгъæг мауал уæд, абырæг!.. Созыр. Цытæ дзурыс, нана? Æз уыцы фæндзгай сомтæ мæ дзыпмæ нæ фæисын... Дзенокка. Нæ, мæ хæдзармæ сæ æрбахæссыс!.. Ф а р и. Нана! Дзенокка. Ды, мæ чызг, йæ сæрыл ма хæц! Созыр. Суанг ма Фари куы уыдаид дæ бынаты, уæддæр ницæуыл ахъуыды кодтаин, фæивар кодтаин... уый дæр... Ф а р и. Цы? Мæн дæр фæивар кодтаис? С о з ы р. Кæй зæгъын æй хъæуы, уагæвæрд се ’ппæ- ты тыххæй у, закъон дæр ие ’ппæты тыххæй у. Чи йæ хала, чифæнды дæр фестæд — ивар кæнинаг у. Д з е н о к к а. Хъусыс æм?! Æмæ, дам, дæ уарзын! Созыр. Нана, ам уарзондзинадмæ ницы хауы. Д з е н о к к а. Дæ нана дæ быныл аззайæд, кæд уы- цы ном де ’взаджы алгъыл зайгæ не ’ркодта! 205
Ф а р и. Куыд ницы хауы уарзондзинадмæ? Цыбыр> дзырдæй дæуæн дæ уарзон æмæ йæ хæстæджытæ æп- пыидæр ницы сты. С о з ы р. Нæ, ды не ’мбарыс... Ф а р и. Цы? Цы не ’мбарын æз? Цæвиттон, æз дæу- мæ гæсгæ æдылы дæн? Дзенокка. Гъе уый та дын ноджыдæр фыддæрГ Кæс-ма йæм, ноджы дæ нымайы æдылыйыл. Кæд, дам, цæфæй нæ мæлыс — уый та дын рæхуыст!.. С о з ы р. Æз... Д1æн фæнды... Дзенокка. Хуыцау хорз, æмæ фидыд нал ран- тыстис, уыййеддæмæ уагæры чындзæхсæвы фæстæ цы уыдаид!.. С о з ы р. О^фæлæ... Д з е н о к к а. Чыидзæхсæвы фæстæ та дæ рахон- дзæн бæттинаг æрра, де рагъ дын хойдзæн, Хуыцау йæ зонæг — цытæ йын бантысдзæн, уымæн!.. С о з ы р. Æз дæ хъæбулы хъæбулы афтæ уарзын æмæ дын... Д з е н о к к а. Нæ! Æз мæ хъæбулы æфхæрын никæ- мæн бауадздзынæн, цæугæ, кæй дæ фæнды, уый уарз,. мах ныууадз. Мæн ахæм сиахс нæ хъæуы! (Зары.) Куы фехъуыстон цины уац, Æнцад ма уæд кæм бадтæн? Базыртæ мыл базадис, Горæтмæ æз æртахтæн. Ныр мæ уынут, хорз адæм! Ахæмтæ (Созырмæ амоны) ма нæм гуыры.— Æмбойны фæбадтысты Мæ рухс фæндтæ мæ хъуыры. С о з ы р (зары). У не стыр хæс — алчи дæр Йæ куысты кад хъахъхъæна. 206
Йæхи зондджын чи хоны — Мæсты хъуамæ ма кæна. Уарзтон дæ фæсаууонмæ, Нымадтон дæ хи мадау. Дæумæ та уæздандзинад Нæ разындис абабау... Дзснокка. Куыннæ, куыннæ, æруæздан дын код- тон, цæмæй мæ райсом тынгдæр астигъай!.. Нæ, фæнда- раст! С оз ы р. Хорз, æз ацæудзынæн... фæлæ уал цæуыны размæ æз хъуамæ зæгъон... Дзенокка. Цы?! Ды ма уæддæр мемæ ныхас кæ- нынмæ хъавыс? Де ’дзæсгомдзинад гъе уымæйдæр бæ- рæг у! Созыр. О, сымахмæ гæсгæ æз æдзæсгом дæн... Гъемæ фæуæд... уæддæр зæгъдзынæн иу-дыууæ ныхасы. Нана, æвæццæгæн, дæ чызгæн ссардтай мæнæй хуыздæр .лæппу. Дзенокка. Æмæ дæ уыимæ та цы гуыбынниз ти- лы, мæ хъуыддæгты дæ фындз цæмæн тъыссыс? Ф а р и. Цытæ дзурыс, Созыр? С о з ы р. Æппæт дæр æмбæрстгонд у. (Фарийæн.) Цæй, цы чындæуа? Хорз амонд дæ хай, хорзæ)й баззай! (Ацыд.) Ф а р и. Нана, цы бакодтай?! (Ныккуыдга æмæ йæ- хи диваныл æрæппæрста.) Фузæ (æрбазгъордта). Цы ’рцыдис Созырыл? Сыр- ды >уызæн фæтæхы, фæстæмæ дæр мæм нал фæкаст. Дзенокка. Сырдæй фыддæр! Ды дæр тынг хорз чызг разындтæ, æвæдза!... «Уый ахæм у, уый иннæрдæм у. Се ’ппæтæй хуыздæр, æгъдауæвæрæг». Рацæй-рабон, æмæ милицион куы разынид!.. Ме ’нæуынон милицион! 207
Ф а р и (зары.) Мæ сæнттæ фесæфтысты, Мæ зæрдæ ныссаджил, нырхæндæг, Мæ бæллицтæ ахст ысты —’ Мæ уарзондзинад мын — тыхгæнæг. Дзенокка (зары.) Дæхæдæг дæ аххосджын, Мæ хъæбул, д,æ зæрдæйы рисæн. Фæнды дæ — уай амондджын — Хуыздæр лæппу равзар дæхицæн. Ф а р и (зары.) Мæхи нана, бамбар мæ: Нæ февзары уарзын хуыздæртæ. Созыр у мæ цард-уалдзæг, Æндæры нæ бакомдзæн зæрдæ. Æмбæрзæн ÆРТЫККАГ НЫВ Созыры кæрт, хæрзаив. Цалдæр бæласы, дидинджытæ. Дуарæй зыиы уынг. Сæрдыгон райсом. Созыр йæхицæн бынат нæ ары, куы кæрт сæрфы, куы дидинджытыл дон кæны. Зары лирикон зарæг. С о з ы р. О, æнамонд, æнамонд дæн, Æз фæхицæн дæн мæ уарзонæй. Мæн нæ хъæуы ’ндæр амæндтæй, Уымæ бæллыдтæн, уарзтон æй. Цы ма кæнон, нæ сарæхстæн... Уарзты сагъæс мæ бадомдзæн. 208
Фари, фæзын мæ сагъæсмæ,— Æнæ дæу зæрдæ атондзæн. Æрбайхъуысы X а д æ й ы зарæг. Дыууæ фæззоны — мæ амонд царды Мæ циндзинадæн кæрон нæ арын. Фæрнæй фæцæрæнт мæ дыууæ уарди, Мæ хъарм зæрдæ сын — фынг æмæ арынг. Сæ буц мадæн сын зæгъын æз бузныг. Мæ зонгуытыл дæр лæууын сæ разы. Дыууæ авдæны æз хуртау узын, Цæгъды мæ зæрдæ фæндыртæ, хъазы. Созыр. Æй, æй, ме ’рдхорд! Цы дыл æрцыди? Хадæ (кафгæйæ). Хуыздæр уаид, куы мæ бафæр- сис: цы мыл æрцыд нæ, кæимæ æрбацыдтæн? Созыр. Ницы дын æмбарын! Чи у, кæимæ æрба- цыдтæ? X а д æ. Бауадз мæ сулæфын! Ныртæккæ, ныртæк- кæ! (Зары): Гъей ме ’рдхорд, райгуырдис Дыууæ гуырды фаззæттæ. Ныр мæ паддзахад мæнæн Нал и басæттæн. Сæ иу хуыйны Æхсар, Иинæ та хуыйны Æхсæртæг. Сæ дыууæ дæр сты, Кæрæдзийы хуызæттæ. Бамбæрстай мæ, гъеныр? Бамбæрстай, мæныл цы æр- цыд, уый? Созыр. Куыннæ! Куыннæ дæ бамбæрстон! (Ныхъ- хъæбыс ын кодта.) Арфæ дын кæнын зæрдæбынæй! Стыр лæвар дын мæнмæ! 20Г
X а д æ. Цæй лæвæрттæ, уыдон сæхæдæг Хуыцауьг лæвæрттæ куы сты! Ды сæ уынгæ куы фæкæнис, уын- гæ!.. Сæ цæстытæ — сау-сауид, се ’рфгуытæ— сау-са- уид. Сæ рустæ — сырх фæткъуытæ! С о з ы р. Æмæ сæ дæхæдæг федтай? X а д æ. Цытæ дзурыс? Никæй сæм уадзынц! Хъахъ- хъæнгæ сæ кæнынц. Суанг сæ фыды бакастæй дæр. С о з ы р. Æмæ сæ уæдæ кæцæй базыдтай цавæр рус- тæ, цавæр цæстытæ сын ис? X а д æ. Ау, куыннæ сæ хъуамæ зонон? Мæн не сты Æхсар дæр æмæ Æхсæртæг дæр? Æхсарæн йæ фындз мæ фындзы хуызæн у. Æхсæртæг та йæ мады гыццыл фындз цæрмæстыгъд бакодта. Созыр. Афтæ нæ загътай, нæ сæ федтон, зæгъгæ? X а д æ. Æз арæндоны рудзынджы бын æнæхъæн бон фæлæууыдтæн. Суанг ма мæ бæрзæй дæр фæрыст— дыккаг этажмæ кæсынæй... Мæнмæ сæ медицинон хо ныртæккæ рудзынгæй равдыста. С оз ы р. Æмæ дзы чи кæцы у, уый цæмæй равзæр- стай? X а д æ. Ау, куыннæ йæ равзæрстон? Галиу къухы— Æхсар, рахиз къухы — Æхсæртæг! Созыр. Цæмæн сыл сæвæрдтай ахæм нæмттæ — Æхсар æмæ Æхсæртæг? X а д æ. Æмæ цæмæй æвзæр у, фаззæттæ не сты? Уадз æмæ уой нæртон гуыппырсартæ! Фæлæуу-ма, фæ- лæуу, æмæ ды та афтæ лæхъир цæмæн дæ? Донласты хуызæн куы ныддæ? С оз ы р. Афтæ. X а д æ. Уый та куыд «афтæ?» Фаримæ уыдтæ? С о з ы р. Уыдтæн... X а д æ. Йæ нанайы йын федтай? С о з ы р. Фсдтон. X а д æ. Æмæ куыд? Куыд дæм фæкаст? С о з ы р (мæстыйæ). Тынг хорз!.. Хадæ (йе схуыст ныхас ын цыма нæ бамбæрста). *га
Йæ зæрдæмæ фæцыдтæ? С о з ы р (мæстыйæ). Тынг! Хадæ. Тынг хорз. Иттæг хорз, иттæг хорз!.. Чын- дзæхсæв та кæд уыдзæн? Созыр. Хæрæджы къæдзил зæхмæ куы æрхæццæ уа, уæд! X а д æ. Цы, дам? С о з ы р. Цы фехъуыстай, гъе уый! X а д æ. Ницы дын æмбарын. Фаримæ уыдтæ æви иæ? С о з ы р. (Ныуулæфыд). О, уыдтæн! X а д æ. Æмæ? С о з ы р. Æмæ... Ехх, Хадæ, Хадæ, куыд кæсын, аф- тæмæй мæ куыст уыдонмæ гæсгæ нæу. X а д æ. Æмæ уæдæ ма сæ цы хъæуы? Маршæл? С о з ы р. Уый æз нæ зонын, фæлæ сæ милицион кæ/й нæ хъæуы, уый хорз бамбæрстон. X а д æ. Мæнмæ гæсгæ, милицæйы куыст тынг хорз куыстыл нымад у. Созыр. Иутæн — хорз, иннæтæн — æвзæр! Уыцы зæронд ус канд фыдæлтыкон феодал нæу, фæлæ ма уы- мæй уæлдай у фыддæрагæн æгъдаухалæг дæр!.. Ницы хуызы йæ фæнды бамбарын, Дзæуджыхъæу æмæ Æх- сæрысæр иу кæй не сты. Хидæн йэа тæккæ бæрæг астæу слæууыд тæфæрфæсгæнæгау, лæгты разæй, дам, куыд ахизон... адæмæй, машинæйæ се ’ппæты дæр ныуурæд- та... X а д æ. Æмæ йын ды бамбарын кодтай? С о з ы р. Нахъ. Фæивар æй кодтон фондз сомæй. (Ныуулæфыд.) X а д æ. Ды сæрра дæ1 Созыр. Цæмæй хъуамæ базыдтаин, Фарийы нана кæи у, уый. Йæ ныхыл фыст нæ уыди. X а д æ. Зонын æй хъуыд! Уæлдайдæр та милицио- ны ахæм сахат хъæуы интуици, ме ’фсымæры хай, уый егъау хъуыддаг у. 211
Созыр. Цавæр интуици! Зоныс, цавæр гæмæл сыл- гоймаг разынд? Ахæм дзы... X а д æ. Цæй, хорз! Гъы, фæивар æй кодтай, гъемæ мæм дæ къух авæр, цавæрдæр фондз сомы тыххæй дæ чындзæхсæв æрбайхæлд. Созыр. Йæ бæллæх дæр уый мидæг ис, æмæ фондз сомы тыххæй кæй æрбайхæлд. X а д æ. Омæ уæддæр йемæ баныхасгæнæн нал уыд? С о з ы р. Иемæ ма дзурæнтæ куы уыдаид, уæд бæр- гæ! Афтæ хъæр кодта, афтæ, æмæ йæ разы гæдыйы лæп- пыны йас дæр нал уыдтæн. Ды, дам, абырæг дæ, сти- гъæг дæ!.. Ныхас кæнын дæр мæ нал суагъта... Цыбыр дзырдæй, æз никуы федтон ахæм æфсæрты ахаст сыл- гоймагæн. Раст автомат! X а д æ. Æмæ уæд Фари та? Созыр. Цы Фари? йæ нанайы сæрыл рахæцыд. X а д æ. Цыбыр дзырдæй, чызгæй, нанайæ разынды- сты ивгъуыд царды хъузæттæ. С оз ы р. Бæрæг у ныр, Фари мæ зæрдиагæй кæй нæ уарзта, уый. X а д æ. Æмæ ды де ’дылы хъуыдыйыл сразы дæ? Ды æцæг уыцы гуымыдза хъуыдыйыл куы сразы уай, уæд æй ды дæр нæ уарзыс! Созыр. Чи? Æз æй нæ уарзын?! Цы дзурыс, уый æмбарыс?! Æз уый... уый мæнæн... Цæй, ды къодах дæ. Ды йæ æмбарыс, уарзондзинад цы у, уый? X а д æ. Цæй, цæй! Мæнмæ ма ’внал! Мæнмæ уар- зондзинад куы нæ уыдаид, уæд Æхсар æмæ Æхсæртæг кæрæдзи фæстæ нæ фæзындаиккой ацы дунемæ, нæ! Фæлæ ды афтæкæд уарзыс Фарийы, уæд дæудæбынаты фидар фæлæууын хъæуы, æмæ уыцы фыдæлтыккон зæ- ронд усы арвитын хъæуы лæлимонтæм... Бамбæрстай мæ?! 1 Созыр. Цы, дам?! Æз хъуамæ уыцы зæронды дæ- лимонтæм арвитон? Куыд хъуамæ арвитон дæлимонтæм Фарийы нанайы? Кæд æмæ цалдæр минуты фæстæ мæ- 212
хи нана уыдзæн, уæд? Кæд уый æрвитыс дæлимонтæм, уæд мæн дæр æрвитыс æппæт хæйрæджытæм! X а д æ. Хъус-ма, ацу уæдæ Сагкаты хæйрæджыты амæттаг фæу! Фæлтау ма мын зæгъ, цы саразынмæ хъавыс дарддæр? Соз ыр. Гъе æз дæр гъе ууыл хъуыды кæнын. Цы сарæзтæуа? Охх, ме ’намонд, ме ’намонд! (Йæ сæр ных- хоста.) Æнæхъæн къуыри куы никæй фæивар кодтон, уæд мæ ныр цы хæйрæджытæ ацардыдтой? X а д æ. Ницы кæны! Мах ын ныртæккæ исты æр- хъуыды кæндзыстæм... Ныртæккæ æрхъуыды кæндзы- стæм. (Дыууæрдæм рацу-бацу кæны.) Æрхъуыды... О! Ссардтон!.. С о з ы р. Цы?! X а д æ. Йæ фондз сомы йын фæстæмæ ратт. Оозыр. Цытæ дзурыс? Ныртæккæ къуыддагæн уый ницыуал баххуыс кæндзæн. X а д æ. Ницыуал баххуыс кæндзæн? Раст зæгъыс, ницы ныртæккæ.'.. (Хъуыды кæны.)... Ныртæккæ... Ис! С о з ы р. Цы? Хадæ. Арвитын хъæуы зæронд усы йæ къонамæ, фæстæмæ, Æхсæрысæрмæ! Созыр. Цытæ дзурыс? Уый йæхæдæг райсом цæу- гæ кæны. Тæрсын, Фарнйы дæр куы акæна йемæ! X а д æ. Уæдæ та ам дæр нæ фесгуыхтæн... Æндæр исты, æндæр исты... (Дыууæрдæм рацу-бацу кæны.) 0! Ссардтон! Созыр. Цы? Цы ссардтай?! X а д æ. Нæ, уый дæр нæ бæззы!.. С о з ы р (зары.) Фондз сомы тыххæй Мæ хъуыддаг кæуинаг фæци. Хивæнд зæронд ус Кæуинаг фæкодта мæ цин. 213
Хивæнд зæронд ус — Нæ йæ фæнды бамбарын мæн. М’ артыл дон ауагъта Хивæнд зæронд ус мæнæн. X а д æ. Гъсныр куы уаиккой абон Стыртæ 'Хсар æмæ ’Хсæртæг, Уыдон не ’руадзиккой, бæргæ, Худинаг махæн нæ сæртæм. С о з ы р. 'Хсар æмæ 'Хсæртæг Сабитæ куы сты нырма. Фæлæ мæхæдæг Цæмæн дæн æнæ ’мбаргæ æмæ къуырма. X а д æ. Уыдон не ’ппæт рæдыдхæ Рараст кæниккой, бæргæ. С о з ы р. Ехх, Хадæ, ныр мæнæн нал дæр лæппу уыдзæн, нал дæр чызг! X а д æ. Нæ, нæ! Уыдзæн! Æрхъуыды кодтон! С о з ы р. Цы ’рхъуыды кодтай? X а д æ. Нæ, нæ! Дæуæн иунæг ныхас дæр нæ! Ницы дын зæгъдзынæн! Мæ хъуыдыйы фылдæр хъуыддæгтæ, къалдæр — ныхас! Фари кæцы уынджы цæры?- Созыр. Камаловы уынджы, йæ хæдзары номыр 28-æм. X а д æ. 0,о, Камаловы уынджы цыма иууыл зонд- джынтæ нæ цæрынц. Æз сын сæ зонд рацараздзынæн. Æппæты фыццаг дæ нанайæн Дзæуджыхъæуы уынгты куыд цæ\тæ у, æмæ лæгæн йæхи куыд дарын хъæуы, уый... 214
Созыр. Уæддæр мæнæн зæгъ, цы саразынмæ хъа- выс, уый? X а д æ. Нæ, .нæ! Мæ хур! Стæй мæ ма уром, мæ рæстæг мын дзæгъæлы ма саф! Ды æгæр бирæ дзурыс... Æтт, мæ мад, æмæ мын мæ фыд кæй радтой, уый мын хæрам... Созыр. Омæ уæддæр цы ныхъхъуыды кодтай?! X а д æ. Ой, цас дæм цæуы дзурын .Нæ уыныс, нæ мæ ’вдæлы, уый? Нæй рæстæг! Цæй, æз фæцæуын. Æз ма æрбауайдзынæн. Мæн ма бауайын хъæудзæн нæхи- мæ. Мæ гæрстæ раивон æмæ хъуыддагмæ. (Ацыд.) Фæзынд Н а с т а дзаг хызынимæ. Н а с т а. Созыр, сыстадтæ? С о з ы р. Уæддæр та дæхæдæг сусæгæй ахъуызыдтæ базармæ? Æз нæ ауадаин дæ бæсты? Наста. Нæ, мæ хъæбул, мæ бон нæу мæнæн æп- пынæдзухæй хæдзары бадын. Созыр. Дæуæн ныр баулæфын афон у. Наста. Цы, дам? Куыд кæсын, афтæмæй мæ ды бынтон зæцондыл нымайыс? С о з ы р. Цытæ дзурыс, гыцци? Ды мæнæн нырма бынтон æрыгон куы дæ! Наста. Дæуæн дæр уый загъдæуа! Знон ма мын нæ артелы дирсктор дæр афтæ загъта: «Кæд, дам, ба- фæлладтæ? Кæд, дам, дæ баулæфын фæнды? Бамбæр- стай, цы зæгъынмæ хъавыд, уый? Æз ын комкоммæ загътон, стыр бузныг, æз, зæгъын, пенсимæ нæма цæ- уын, нæма мæ уадзынц мæ хъæбулы хъæбултæ! Созыр. Цытæ дзурыс, гыцци? Цæй хъæбулы хъæ- булты кой кæныс? Дæумæ дзы иу дæр куы нæ и! Н а с т а. Йæ бæллæх дæр гъе уый у, æмæ нæй. Куы мын уаид, уæд пенсимæ дæр рацæуæн ис. Уыдон мын раттиккой куыст! Æнæ исты лрхайгæйæ хæдзары бадын мæнæн зын у. Цæй, кæд сæ Хуыцау раттид! Мæнæ ус ракурдзынæ æмæ нæм, æвæццæгæн, уыдзæн сывæллæт- 215
тæ дæр, фæнда мæ, нæ фæнда—уæддæр баддзынæн хæдзары! Созыр. Ехх, гыцци, уæдæ дæ, æвæццæгæн, '1агъд цæуын нæ бахъæудзæн пенсимæ... Наста. Уый та цы хоныс? Цæуылнæ? Созыр. Нæ дын уыдзæн хъæбулы хъæбултæ... Наста. Уый та ма... цæуылнæ? Ус нал курыс? С о з ы р. Æвæццæгæн, нал. Наста. Мæ хъæбул! Ды сæрра дæ! Ахæм зæды хуызæн чызг, цыкурайы фæрдыджы хуызæн! Афтæ би- рæ дæ чи уарзы. Ды йыл дæхæдæг дæр æрхъæцмæ куы нæ хъæцыс, уæд ахæм уарзон... Фæлæуу-ма, дæ зæрдæ йыл ма сивай? С о з ы р. Нæ! Æз ыл не сивтон... Н а ст а. Æмæ уæдæ уыл цы æрбамбæлд? Афтæ нæ загътай, чызг разы у, зæгъгæ? Созыр. Уый бæргæ разы у, фæлæ зæронд ус нæу разы... Н а с т а. Уый та ма дзы кæцытæй у? С оз ы р. Фарийы нана... Уый йæ схъомыл кодта. Наста. Ау, æмæ цы зæгъынмæ хъавы? Цæуылнæ у разы? Цæй тыххæй ныццæхгæр уе ’хсæн? С о з ы р. Цавæрдæр капсччыты тыххæй... Наста. О, ме скæнæг Хуыцау, ирæд ма ’рцагура? Созыр. Охх, гыцци, ныртæккæ мын куыд зын дзу- рæн у, уый куы зонис... фæстæдæр... Наста. Мæнæ ма цахæм адæмтæ ис!.. Мах рæс- тæджы ма ирæд æрцагур! Диссæгтæ! Æмæ уæд Фарита куыд сразы,. йæ нана йæ фысы уæй кæй кæны, ууыл? С о з ы р. Гыцци! Мæ мастыл мын цæхх мауал кæн, æнæуый дæр мын тынг риссы... (Йæхинымæр.) Цæй, афтæмæй дарддæр мæ боп нæ бауыдзæн... (Настамæ.) Мæн мæ куыстмæ цæуын хъæуы... Н а с т а. Уый та куыд? Абон дын улæфты бон куы у. Созыр. Æнæмæнгæй мæ хъæуы цæуын. (Йæ пин- джак акодта æмæ ацыд.) 216
Н а с т а. Мæ мæгуыр лæппу! Æвæццæгæн, мæнæн мæхи бахъæудзæн уыцы зæрондимæ аныхас кæнын, «æмæ йын æппæт дæр бамбарын кæнын хъæудзæн... Зæгъдзынæн ын: мæ фырт æппындæр ницæмæй хъуагу. Уæдæ адæм цæмæй цæрой, уый махмæ дæр ис. Чындзы тыххæй ницы бахæлæг кæндзыстæм... Фæлæ ирæд... Уый худинаг у махæн, уый гæнæн нæй... Афтæ йын хъуамæ зæгъон... Куыд æй базындæуа. Фариты уынджы йæ æнæмæнг бабæрæг хъæуы. Цæугæ, мæнæйуый, мауал ’фæстиат кæн!.. Кæрты дуарæй зыны ^Д з е н о к к а, йæ къухы гæххæтт: æркæсы йæм... бæрæг у — агуры адрис, йæ дæларм тыхтон. Дзенокка. А-гъа! Мæнæ ис 63-æм хæдзар. (Хойы.) ,Гъей, исчи ис хæдзары?! Наста. Ис, ис. Кæцы дæ? Чи уа, цымæ? (Кæрты <дуар байгом кодта.) Д з е н о к к а. Боболаты Дататæ ам цæрынц? Н а с т а. Гъе уыдон стæм. Дзенокка. Ие ’фсин Настайы йын фенæн нæй? Наста. Цæуылнæ, уый æз мæхæдæг дæн. Рахиз уал хæдзармæ, дæ хорзæхæй. Дзенокка. Бузныг. Дæ бон хорз, дæ фæхъау фæ- уон, уæдæ уый ды дæ? Тынг æхсызгон мын у. Дзæбæх, æнæниз стут? Наста (йæхинымæр). Чи уа, цымæ, ацы зæронд ус? (Хъæрæй.) Бузныг, дзæбæх стæм... Дзенокка. Дæ лæг дæр дзæбæх у? Сывæллæттæ дæр? Уæ хæстæджытæ иууылдæр? Н а с т а. Дзæбæх — кæй бафæрсай, уыдон иууыл- дæр. (Цымыдисæй йæм кæсы.) Дæхæдæг та?.. Дзенокка. Æз кæддæриддæр дзæбæх вæййын. Саламтæ дын Æхсæрысæрæй, мæнæ дын Сæлимæт цы- дæр лæвар дæр æрæрвыста. Н а с т а. Æцæг? Æхсæрысæрæй?! Сæлимæт? М^Д ’кæстæр хо у?! 217
• Дзенокка. Махæн та нæ хуыздæр хъугдуцæг у Сæлимæт. Н а ст а. Стыр бузныг! Фыдæбонь< дæ баппæрста,,. куыд сты? Дзæбæх сты иууылда?р? Дзёнокка. Дзæбæх, æнæниз, кæйбафæрсай — се ’ппæт дæр сæрæгас. Н а ст а. Хорз дыл æрцæуæд* хорз! Мæнæ ныхæо- тыл куыд фæдæн. Мидæмæ нæм рахиз, дæ хорзæхæй. Д з е н о к к а. Нæ, нæ, нæ мæ ’вдæлы, тагъд кæнын. Н а ста. Цытæ дзурыс? Афтæмæй дæ нæ ауадздзы- нæн. Д з е н о к к а. Цæй, кæд дæ афтæ фæнды, уæд мæ- нæ ам бæласы бын абадæм... Мидæмæ мæ не ’вдæлы. Кулдуары цур фæзынд Ф у з æ, фæлæ Дзеноккайы куы ауыдта, уæд дуары фæстæ амбæхст. Н а с т а хæдзармæ бацыд. Дзснокка кæрты къуымтæм ракæс-бакæс кæны. Фузæ (йæхицæн). Мæнæ диссæгтæ! Дзенокка цæ- мэсн æрбацыдаид ардæм?! А-а, æвæццæгæн, æрфæсмон кодта йæ мцтыл, æмæ хатыр курынмæ æрбацыд. Хæр- зæггурæггаг тагъд азгъорон Фаримæ! (Азгъордта.) Наста (æртыкъахыг фынг æрбадавта). Нæ базон- гæдзинады тыххæй фæйнæ сæны апазæм. Горæтаг цæ- хæраджынтæ нæма бахордтаис. Дзенокка. Бузныг, стыр бузныг, дæхи цæмæн тыхсын кæныс. Мæн уый бæрц куы нæ ’вдæлы... Наста. Цæй-ма, цæуыл стыхстæ, кусæрттæ дын куы нæ акодтон, мыййаг. Дзенокка. Нырма æгæр раджы нæу? Цæй, уæхи- мæ ницы фæдзæхсыс, æз райсом раджы фæстæмæ цæ- уын. Наста. Афтæ тагъд? Цы йын фæдзæхсын, лзæ- бæх, зæгъ, стæм, чындзæхсæвмæ æнхъæлмæ кæсæм, фæ- лæ; зæгъ, гыццыл фæкъуылымпы стæм, фæлæ, зæгъ, чи зоны фæстæмæ уа... 218
Д з с н о к к а. Бафæрсыи аипп ма уæд, фæлæ цы ха- <-бар у, хыл фестут? Наста. Цытæ дзурыс? Фæлтау хыл куы фæуы- даиккам, бæргæ, фæлæ... æмæ дын æй куыд зæгъон? Дзенокка. Уагæры сæ цы бакъуылымпы чын- дæуыд? Н а с т а. Æмæ гъа, мæ хæдзар, цавæрдæр фыдæл- тыккон зæронд ус, чызгæн йæ фыды мад, се ’хсæн фæ- мидæг æмæ сын сæ хъуыддаг æрбайхæлдта. Атъæпп -мын уа йæ сæр, кæд, дам, агурьг ирæд! Дзенокка. Цытæ дзурыс? Уæвгæ ис нырма ахæм ’фыдсылтæ, ис. Зæронд фыдæлтыккон мæсыгау йе змис згъæлы, уæддæр ма фидар лæууы. Кæм хъæуа, кæм нæ хъæуа—алы ран йæ фындз тъыссы... Акæс-ма, дæ хорзæхæй, мæнæ дæ куыд бамæстджын кодта, уыцы •сæнтдзæф зæронд хъуына. Наста. Мæстджын та ма цы хоныс? Мæ лæппу •рæстмæ дзыхæй дæр нал дзуры, кæрдзын иал хæры... Афтæ мæстджын у, æмæ, зæгъын, йæхицæн, мыййаг, ис- ты фыдбылыз куы сараза. Дзенокка. Омæ йемæ баныхас гæнæн нæй? Наста. Æз хъуыды кæнын, æмæ, æвæццæгæн, мæ- уи бахъæудзæн йемæ баныхас кæнын, кæд кæрæдзи збамбариккам. Дзенокка. Хъæуы, хъæуы йемæ аныхас кæнын, æмæ йьгн йæ худинаджы митæ йæ цæстытыл бафтауын хъæуы! Уадз æмæ зона уыцы зæронд дæлимон, цавæр рæстæджы цæрæм. Бамбарын афон ын у æмæ нæ ма хъыгдарæд. Æвзонг рæзгæ удтæн сæ амонд ма халæд!.. Фæзыпд X а д æ чстæн пинджакы, йæ къухы телы стыр тыхтон, доны кърант кæмæй сыгъдæг кæнынц, ахæм. Хадæ. Уæ райсом хорз уа. Æгас нæм цу, нæ ма- дыхай! Дæ райсом хорз, гыццц! Наота. Æгас цæуай, Хадæ, уый та дæ уæлæ ць| <скодтай, цавæр дарæс у? 219
X а д æ. Уый фæстæ, уый фæстæ æппæт дæр базон- дзынæ. Кæм и ме ’рдхорд? Н а с т а. Ацыд йæ куыстмæ. X а д æ. Иæ куыстмæ? Æмæ йын абон улæфты бон куы у. Наста. Бæргæ йæ зонын, фæлæ мын ахæм æфсон акодта. Тыиг æнкъард у, йæ дзыхæй ту дæр нæ хауы. Уыцы чызджы хабар ын йæ сæр разилын кодта, æвæц- цæгæн, куыстмæ дæр йæхи адæргæй аппæрста. Дзенокка. Гъсй, мæ хур, вæййы афтæ дæр æцæг уарзондзинады, зæрдæ нæ, фæлæ ма йын йæ сæр дæр æрбайсафын кæны... Наста. Хадæ, уæддæр дын уый цавæр дарæсы конд у? X а д æ. Омæ цæмæй æвзæр у? Цæуын дрны къранг иразынмæ. Н а с т а. Цавæр доны кърант? X а д æ. Уыцы зæронд усы хæдзармæ. Ме ’рдхордæн мын йæ хъуыддаг чи халы, гъе уый сæрымагъз хъуамæ расыгъдæг кæнон. Охх, æз семæ ахъаздзынæн, æз сыи фенын кæндзынæн, мæгуыр лæппуйæ куыд хъазгЬз у, уый. Дзснокка. Гъс уый лæппу у, гъе уый дын лæп- пу! Дæ цæрæнбон бирæ, мæ хъæбул! Де ’рдхордæн йæ сæрыл кæй хæцыс, уый тыххæй! Дæ ныййарджытæ дæ хурæй бафсæдæнт! X а д æ. Фæлæуу! Мæ къухмæ йæ нæ хъæуы уыцы зæронд кæлдымы! Æз ын фснын кæндзынæн! Æз ын... Цы хъæуы уый зæгъдзынæн! Цавæрдæр æнæхаиры ка- печчыты тыххæн мæгуыр чызг æмæ лæппуйы хъуыддаг чи халы! Æз æй мæнæ ацы телæй атухдзынæн, алхын- цъытæ йæ кæндзынæн... æмæ йæ Терчы ивылды нывзил- дзынæн... ’Дзенокка. Гъемæ мæ зæронд сæр дæ нывонд фæуæд, мæ хъæбул! Афтæ, афтæ йын хъæуы! Науæд де ’рдхорд дæр йæ фындз цы æруагъта? Фæтарст мын ца- 220
вæрдæр сæлхæр сылгоймагæй! Афтæ гæнæнтæ ис? Ахæм’ зæронд æмбыд бутъротимæ æз бæргæ базонин. Н а ст а. Æмæ уæдæ цы бачындæуа ныр? Д з е н о к к а. Куыд цы бачындæуа? Куыд вæййыг афтæ. Кæд дзæбæхæй нæ разы кæна, уыцы зæронд сæнтдзæф, уæд дæ лæппу чызгæн йæ къухыл рахæцæд. æмæ ЗАГС-мæ! Сæ къухтæ куы æрфыссой, уæд зæронд- мæ, æмæ йын комкоммæ зæгъæнт: мах нæ цард дæуæн халын нæ бауадздзыстæм, стыр хатыр дæ курæм, фæлæ нæ фæндагæй дæхи айс! X а д æ. Диссаджы æрхъуыды! Æ, дæ фæхъхъау мын æрбауа уыцы зæронд хæррæгъ!.. Наста. Ой, ныууадзут, уæ хорзæхæй, уыцы зæрон- дæн йæ зæрдæ дыууæ днхы куы фæуыдзæн. Дзенокка. Ницы йын уыдзæн, нæ амæлдзæн, ахæмтæ ичъынайы калмæй уæлдай не сты. Фæзагъд кæндзæн, фæхъæр кæндзæн, стæй сын ныххатыр кæн- дзæн. (Настайæн.) Æмæ бафидаудзыстут, мæ къона. Наста. Дæ фарнæй куы зæгъид! Уæ иунæг Хуы- цау, мæ хъæбул дæ фæдзæхст, ма йæ фенамонд кæн! X а д æ. Тынг раст æй загътай, кæд æцæг ме ’ппæт фыдæбæттæй ницы рауайа, уæд раст ды куыд зæгъыс, афтæ кæнгæ у. Дзæгъæлы нæ фæзæгъынц, хистæрæн, дам, йæ фыидз асæрф æмæ йæ зондæй бафæрс. Ехх, æвæдза, нæ кæстæртæн ахæм хистæр зондамонджытæ куы уаид, уæд афоимæ коммунизмы къæсæрæй нæ ба- гудзи кæниккой! Дзенокка (Хадæмæ). Рауадз ма’, мæ хъæбул, æмæ уын æз Лæгтыдзуармæ бакувон. X а д æ рауагъта сæн, æмæ нуазæн дæтты Д з е н о к к а м æ, иннæ та Н а с т а м æ. Дзенокка ськстад. Цæй, мæ хъæбултæ, Лæгтыдзуары фæдзæхст ут, йæ рахиз базыры бын уæ дарæд! Уæ хъуыддæгтæ’ Хуыцауы фæдзæхст уæнт. Кæ)й ном ссардтон, уыцы дзу- æртты хорзæх уæ уæд, кæй ном ма мæ ферох —хуыз- 221
дæр ахъаз уын бакæнæнт. Айс, мæ хъæбул, кувæггаг дæумæ у. X а д æ йæ айста. X а д æ. Цæй, уæдæ нæ Хуыцауы хорзæх уæд. Нæ хъуыддæгтæ Уастырджийы фæдзæхст уæнт, нæ хистæр- тæ сæ хуыздæрты фæзмæг куыд ,уой, уый бæрц амонд нæ уæд! (Анызта йæ... Рауагъта æмæ йæ фæстæмæ авæрдта.) Дзенокка. Ма тыхсут, мæ хуртæ, арв куыд нæ- ры, афтæ цæвгæ нæ кæны. Гъæй кæнут, кæд уæ мæ сæр искуы бахъæуа, уæд уын æз дæр аххуыс кæндзынæн. О, о, мæ цæстытыл уайы — куыд ахуддзыстут уыцы’ зæ- ронд куысыфтæгыл! (Зары.) Худинаг та куыд нæ фæуа Уыцы сæлхæр зæронд усæн. Ирæд ма чи æрцагуырдта Ныр не ссæдзæм нæргæ ’нусы. II а ст а (зары.) Алчи дæр нæ фæндтæ кæны, Алчи дæр нæ фæндтæй цæры. Тæхудыйаг мæ хорз чындзаг Куы ’рбахизид мæ къæсæрæй. X а д æ (зары.) Уыцы зæронд — хъæбæрзæрдæ А лæппуйы нæма зоны. Куыд бауадзон хицæн кæнын Æз уарзонæй йæ уарзоны. Сымах фæдзæхстмæ гæсгæ ацыдтæн æз. (Заргæ ацыд.) Дзенокка. Цæй уæдæ, мæ хур, мæнæн дæр цæ- уын афон у. Хъуыддаг кæд нæ рæстмæ кæна, уæд-иу мæ "бацагурут. Æз ма, æвæццæгæн, иу бон аззайдзынæн. О! 222
Мæнæ дын мæ адрис. (Дæтты йæм адрис.) Æз мæ лæп~ пуйы чызгмæ дæн ныртæккæ. Наста. Стыр бузныг дæ дзæбæх уынаффæтæй, дæ ныфсытæй. Фæндараст фæу. (Кæртæй йæ ахизын кодта æмæ фæстæмæ æрбаздæхт.) Куыд дзæбæх зæронд усу! Зондджын, хæларзæрдæ, цæстуарзон!.. Тæхуды, Фари- йæн ахæм нана куы уыдаид, уæд нæ хъуыддæгтæ бын- тон æндæрхуызон уыдаиккой. Æрбацыд С о з ы р. Мæ хъæбул, цæсгом дæр ма дзы хъæуы... Æгæр ауагътай дæхи, гормойнаг. Ма тыхс, исты амæлттæ кæндзыстæм. Адæм хорз сты. Соз ыр. Уагæр цавæр амæлттыл дарыс дæ зæрдæ? Кæм сты уыцы адæм? Наста. Ныртæккæ Хадæ ам уыди, уымæ ахæм дзæбæх уынаффæтæ ис, Фаримæ фæцæуы... Зæронд ус- мæ. С о з ы р. Цы? Цы, дам? Наста. Æз, дам, ын йæ сæрымагъз иннæрдæм фæ- знлдзынæн. Созыр. Уый сæрра ис! Йæ зонд фæцыд! Уый хъуыддаг аразгæ нæ, фæлæ йæ бынтондæр сызмæнт- дзæн. Цы ’гъдауæй йæ баурæдæуа? (Азгъордта.) Æмбæрзæн ÆРТЫККАГ АРХАЙД ЦЫППÆРÆМ НЫВ( Фарийы уат. Фари иунæгæй Дзеноккайы дзаумæттæ æфснайы. Ф а р и. Цы бачындæуа? Цы бачындæуа? Нанайы лфтæ фæнды, цæмæй бынтоидæр йемæ хъæумæ ацæ- 223
уон... Уæд Созыр та? Куыд хъуамæ ацæуон æнæ уый, фæндагыл мæ зæрдæ куы атондзæн. (Зары.) Кæм дæ, кæм дæ, мæ зæрдиаг, Кæм д’ агурон, кæм дæ ссарон? Фæзын ма мæм æнæнхъæлгæ, Мæ фырцинæй куыд ныззарон. Æнæ дæу мыл у хурныгуылд, Æнæ дæу мыл — изæрыгон. Кæдæм цæуон, кæм д’ агурон? Кæм дæ ссарон — мæ сæры бон! Фузæ (æрбазгъордта, хъæлдзæгæй). Нал хъæуы •цæуын, Фари!.. Ф а р и (йæ къух ауыгъта). Куыннæ хъæуы цæуын? Нана куы ныллæууыд, æнæмæнгæй, дам, цæуын хъæуы. Ф у з æ. Нæ хъæуы! Æппæт дæр хорз у, алцыдæр йæ гаччы абадтис!.. Ф а р и. Мæнмæ дæр афтæ касти знон, фæлæ ныр -та?.. Ф у з æ. Æз цы федтон æмæ цы зонын, уый куы зо- нпс, уæд дæ зæрдæ ныззарид! Булæмæргъ фестид, хуры фарсмæ абадид!.. Ф а р и. Ныууадз мæ, дæ хорзæхæй, ныртæккæ хъа- ■ыныл нæ дæн. Фузæ. Цавæр хъазт? Зоныс, æз ныртæккæ уыдтæг. •Созъфмæ! Ф а р и. Цы, дам?! Ды сæрра дæ!.. Фузæ. Ома, куыд сæрра дæн? Мæнæн мæ хæс у сымах бафидауын кæнын æви нæ? Мæнæн мæ бон нæу дæ хъизæмар æмæ дæ цæссыгтæм кæсын. Ф а р и. Чи? Æз? Хъизæмар кæнын, мæ цæссыгтæ калын? Гъе уый ма мын нæ фаг кодта! Ф у з æ. Цæй, цæй ,цыма дæ не ’мбарын! Уæртæ ци- къæйау куы ныффæлурс дæ. Ф а р и. Уый æз уый тыххæй фæлурс нæ дæн... 224
Ф у з æ. Æрмæст дæр гъе уый тыххæй! Чызджы гæ- дымитæ! Цыма мæхæдæг чызг нæ дæн. Ма гæдымитæ кæн. Æз æппæт дæр уынын. Ф а р и. Фузæ, тынг æвзæр ми бакодтай, хæрзаг ма зæгъа, æз дæ барвыстон, лæгъстæмæ... Ф у з æ. Уый тыххæй æнæмæт у, Созыр мæн уынгæ лæр нæ фæкодта! Ф а р и. Нæ федта? Æмæ уæдæ уæд цæуыл цин кæ- пыс? Ф у з æ. Уымæн æмæ æз федтон... Ф а р н. Кæй? Созыры?.. Ф у з æ. Нагъ! Ф а р и. Омæ уæдæ кæй федтай? Фузæ (стыр уæлахизæй). Нанайы, Дзеноккайы! Ф а р п (тыхстæй). Ницы дын æмбарын... Ф у з æ. Дзенокка уыд Созыртæм! Бамбæрстай мæ гъсиыр? Ф а р и. Фæлæуу-ма, нана уыд Созыртæм?! Ф у з æ. Ды йæ куы федтанс, уый уым куыд уæздан, -сабыр ныхас кодта... Ф а р и. Кæимæ? Созыримæ? Ф у з æ. Нæ, де ’фсинимæ — Настаимæ, Созыры ма- димæ! Гъсныр дæр мæ нæма бамбæрстай? Цыфæнды куы фæдзурæм, уæддæр дæ нана у æцæг нæртон нана! Нагъ, иæгъгъытæ фæкодта, стæй дæм куы бакаст, уæд дын фæтæригъæд кодта æмæ сæм йæхæдæг бацыд, хъуыддаг иæмæй рæстмæ’ ацæуа, гъе уый тыххæй! Афтæ гъе! Арфæ дын кæны! , Ф а р и. Кæд нана æцæг аивта йæ фæнд, уæд. ын æз мæ царды ницы бавгъау кæндзынæн. Бал- хæндзынæн ын хорз къабайаг, хорз кæлмæрзæп, хорз туфлптæ!.. Уæвгæ ницы сты. Дыууæ йæ дæр уыдзыс- тæм хæсджын æпусмæ йæ разы. Фузæ, æз ныртæккæ ду- канимæ ауайон, истытæ алхæнон. Фузæ. Фæлæуу-ма, нана æмæ Созыр куы ’рбацæ- уой, уæд та? 225
Ф а р и. Ды сын зæгъдзынæ, æз ныртæккæ кæй фез- дæхдзынæн. (Азгъордта.) Ф у з æ. ^уыд хорз у, мæ уарзон æмгары тыххæй мæ зæрдæ срухс ис. Дзæнгæрæг. Æгъа! Уыдон сты! Дзæбæх сыл ацин хъæудзæн. (Азгъордта. Дуар фегом кодта æмæ фæстæмæ уайтагъд фездæхт, амбæхст. Хадæ йæ фæдыл æрбацыд.) Ф у з æ. Чи дæ æмæ дæ цы хъæуы? X а д æ. Чи дæн, уый диссаг нæу. Гъе фæлæ мæ цьг хъæуы, уый тыххæй аныхас кæндзыстæм. Ф у з æ. О, фæлæ дæ чи хъæуы? X а д æ. Ды! Фузæ. Æз?! X а д æ. Ды! Ф V з æ. Цæмæн? X а д æ. Гъе уымæн æмæ дын æз хъуамæ зæгъон! Æз дын хъуамæ фенын кæнон! (Æртхъирæнгæнæгау.) Ды нæлгоймаг куы уаис, уæд дын æз афтæ фенын кæнин, афтæ зæгъин, æмæ... Ф у з æ. Цы ’рцыди? X а д æ. Дæумæ гæсгæ ницы æрцыдис, и? Дæумæ гæсгæ ууыл ахицæн, и?! Дæумæ гæсгæ хъуыддаг ууыл фæцис, и?! Ф у з æ. Цы сарæзтон уагæры?.. X а д æ. Æ-гъа, уæдæ дæумæ гæсгæ ды æппындæр^ ницы сарæзтай?! Заманайы лæппуйы бафхæрдтай, фæ- худинаг æй кодтай... Йæ зæрдæ йын дыууæ дихы фæ- кодтай! Æмæ, дам, «цы сарæзтон»?! Ф у з æ. Ды йæ дæхæдæг дæр нæ зоныс, цытæ дзу- рыс, уый... X а д æ (мæстыйæ мæстыдæр кæны, дыууæрдæм ра- цу-бацу кæны). Æз? Æз цытæ дзурын, уый тынг хорз æмбарын. Æз ма дын ноджыдæр зæгъдзынæн! Мах рæс- 226
тæг уыцы рæстæг нал у. Мах хъуамæ мауал хъусæм хæстæджы цардхалæг ныхæстæм æмæ уынаффæтæм!.. Ф у з æ (йзв мидбылты худы)^ Фæлæуу-ма, ч1^ дæ? Кæнмæ дзурыс, уый уал бамбар. Бæстæ дæ сæрыл куы систай. X а д æ. Куы нæ дæ зонин, уæд нæ дзурин, кæй зæ- гъын æй хъæуы, æз демæ фыццаг хатт базонгæ дæн, фыццаг хатт дæ федтон, фæлæ дын комкоммæ зæгъын: ды нæ дæ ме ’рдхорды уарзондзинады аккаг чызг! Ф у з æ. Байхъус-ма, ды... X а д æ. Æз ’дæм æппындæр нæ хъусын, стæй мæ <}>æндгæ дæр нæ кæны. Ды бахаудтæ ивгъуыд заманы зæронд æгъдæуттæ, чи нæуал хъæуы, уыцы тальтнг, са- финаг æгъдæутты уацары. ...Ирæд! Царциаты диссæг- тæ! Уый бæсты ды хъуамæ бацархайдтаис, цæмæй са- рæзтаис ног советон бинонты цард! Тох кæнис дæ амон- дыл... дæ уарзондзинады уæлахиздзинадыл... Ф у з æ. Цавæр уарзондзинадыл? Нæй мæнæн иунæг уарзондзинад дæр! X а д æ. Æгъа! Басасти йыл... Нæй, дам, уарзондзи- над! Нæй йæм уарзондзинад! Æз æй æнæуи дæр зыд- тон, уæдæ сайыны огъуыдытимæ уыдтæ?! Чи зоны æмæ, ма зæгъай, фыды мад дæр дын нæй?! Фузæ. Фылы мад дæр мын нæй. X а д æ. Уайтагъддæр æй базыдтон, афтæ кæй уы- дзæн, уый! Мæнæ цы залиаг калмæн балæвар кодта ме "’рдхорд йæ судзгæ уарзон зæрдæ!.. Фузæ. Æз, ын æй нæ куырдтон, стæй мын æй уый дæр нæ балæвар кодта!.. X а д æ. Уый йæ лæвæрдта, фæлæ йæм ды дæ чъыл- лым фездæхтай! Фæлтау дзы æрцагуырдтаис ахæм чын- дзæхсæв. Чындзæхсæвы балц æнæхъæн зæ)ххы къоргм йыл. Дзырд дын дæттын, гъе уый уыдаид бæллиццаг чындзæхсæв. Фæралас-балас дæ кодтаид денджызы уы- лæнтыл, мæйы алывæрсты. Ф у з æ. Цæмæн мæ хъуамæ ралас-балас кæна мæйы 227
алыварс? Чи? Æппынфæстаг дæхæдæг та чи дæ? Æмæ* дæ цы хъæуы? X а д æ. Сæрæй та райдайон? Фузæ. Цæмæн сæрæй? Афтæ мын æй бамбарый: кæн. X а д æ. Æгъгъæд у хынджылæг кæнынæн. Æз ме ’рдхордæй хъазæнхъул кæнын ’никæмæн бауадздзынæн. Фузæ. Хъус-ма, æз дæ æппындæр не ’мбарын. X а д æ. Æ-гъа, не ’мбарыс... Кæй зæгъын æй хъæуы„ не ’мбарыс! Ды хъуамæ бацархайдтаис, цæмæй уæ дыу- уæ дæр фидар айнæгау ныллæуыдаиккат йæ ныхмæ. 0„ мæ мæгуыр, о, ме намонд æрдхорд!.. Куыд бауарзтай дурзæрдæ чызджы, ноджы зæронд хъуынаджын1 æгъ- дæуттыл хæцæг... Фузæ. Цавæр зæронд æгъдæуттыл хæцæг? X а д æ. Ай бынтон гуымыдза куы дæ! Феодало^ зæронд æгъдæуттыл хæцæг! Бамбæрстай йæ гъеныр? Фæлæ ницы кæны! Æз нæ бауадздзынæн ме ’рдхорды ’фхæрын! Æз ма ноджы аныхас кæндзынæн дæ нана- имæ! Уадз æмæ йæ зона, кæм ис, стæй йæ дзырддагкæ- имæ у, уый! Фуз’æ. Æз ма’, дын æй нод^жыдæр зæгъын нæй мæ^ нæн нана! X а д æ. Нæй? Инцы кæны, ныртæккæ нæй, фæлæ тагъд уыдзæн. Мæнæн мæ бон бауыдзæн мæхиуыл фæ- хæцын, æз никуыдæм тагъд кæнын, банхъæлмæ йæм кæсдзынæн. (Сбадт бандоныл.) Фузæ. Ды сæрра лæ! Æрбабырс искæй хæдзармæ- æн’æфæрсгæйæ, æмæ де ’взагыл цы бады, гъе уыдон лæ- хур!.. Æрбацыд Ф а р и, йæ къухы тыхтон... Ф а р и. Æгас цу. X а д æ. Зæрдырай у. Ф а р и (аивæй Фузæйæн). Чи у, чи? Дæ зонгæ у? Фузæ (хъæрæй). Зонгæ!.. Цавæрдæр æрра!.. 228
X а д æ. Нæ хойыхай. Дæхиуыл хæцын фæраз. Кæн- нод æфхæрыны тыххæй фарст æрцæудзынæ... Фынддæс <боны дæ «къæлæнчъо» рох ма уæд!.. Ф а р и. Æз не ’мбарын... Ф у з æ. Æз æй ныр æнæхъæн сахат не ’мбарын. Ца- вæрдæр лæппуйы, йе ’рдхорды кой кæны, йæ зæрдæ, дам, ын дыууæ дихы фæкодтай... Агурыс!, дам!, нр,æд. Ирæды бæсты, дам, дæ фæралас-балао кодтаид мæйы ,-алыварс. Ф а р и. Цы? Мæймæ? Цæмæн?! Дзæнгæрæг. Фузæ. Уый нана у! (Азгъордта.) X а д æ. Æ-гъа! Афтæмæй афтæ зæгъы, нæй, дам, мын нана. Тыргъæй æрбайхъуыст С о з ы ры хъæлæба, æрбахызт йæхæдæг дæр, йæ фæдыл Ф у з æ. Фузæ. Цавæрдæр сæлхæр нæм æрбабырста. Курæг дæ стæм æмæ нæ гъе уымæй фервæзын кæн... С о з ы р. Чи у? (Ауыдта Хадæйы.) Цы? Уый ды дæ? Хадæ (мæстыйæ). Æз! С о з ы р. Цы аразыс ам? X а д æ. Маст исын. Созыр. Цы? X а д æ. Æз дæу æфхæрын никæмæн бауадздзынæн, зез уый бар никæмæн ратдзынæн! Ф у з æ. Зонгæ стут? С о з ы р. Бахатыр кæнут ме ’рдхордæн, хъазгæ кæ- ны... X а д æ. Цавæр хъазт?! Æз ын хъуамæ фенон йæ на- няйн! Æз ын хъуамæ зæгъон!.. Æз ын фенын кæндзы- нæи!.. Стæй мæнæ ацы хъуыназонд Фарийæн дæр!.. (Фузæмæ амоны.) Фузæ. А-а. Гъеныр цыдæртæ æмбарын байдыд- тон... 'Уæдæ, Фари,\ дщ курыс ирæд?, Ды та йæ; Созыр<« 229
ирæды бæсты хъуамæ мæйы алыварс æрзилын кæнай?? Ф а р и. Ирæд? Цæмæн? Нæ дæ ’мбарын... Созыр. Æз? Мæймæ? Цæмæн? Нæ дæ ’мбарын... Ф а р и (Фузæйæн). Чи дын загъта? Созыр. Чи йæ хъуамæ загътаид? Кæй зæгъын æй хъæуы, ме ’рдхорд Хадæ! Æгас дунейы зындгонд дип- ломат!.. Хадæ (сдызæрдыг, кæсы Фузæмæ). Куыд? Ды нæ* дæ? Æз та афтæ æнхъæлдтон... Созыр. Ехх, Хадæ, Хадæ!.. Цал хатты дын загъ- тон, раздæр уал-иу хъуыдда^ дзæбæрс базвн, стæй удед* дзур. Фузæ. Созыр, дæуæн тынг хорз æрдхорд ис! О, о„ гыццыл ма бахъæуа, ма мæ æрбамара. Æрмæст дзы æп- пæт гъс уыцы загъд-замана ницæмæн хъуыдис. Стыр зæрдиагæй уын хъусын кæнын; хъуыддаджы к’ъуылым- пы нал нс! Нанайы фæнды! Уæхи фæнды! Уæдæ мах дæр (Амоны Хадæмæ.) фæнды! Уæ амондæн ма уæ æр- мæстдæр хъæуы рæсугъд фæндаг ЗАГСмæ! X а д æ. Афтæ, афтæ, ЗАГСмæ’! Æнæмæнгæй ЗАГС- мæ! Бадæттут уæ курдиат! Фузæ. Æнæмæнгæй. Цы нæ вæййы, мыййаг, нана йæ фæнд куы аива... X а д æ. Æцæг, æиæг, афтæ куы рауайа! Мæнæн абон иу зæронд ус... Охх, цы сызгъæрин ус уыди, ,сыма- хæн дæр ахæм зæронд зæды хуызæн нана куы уаид^ Куыд загъта, уый зонут? Иунæг нанамæ дæр, дам, ма хъуоут, комкоммæ, дам, ЗАГСмæ !Гъемæ кæд уæ нана разы у, уæд фæтагъд кæнут, цалынмæ уæ зæронд ус йæ хорз зæрдæйыл у, уæдмæ. Ф а р и. О, фæлæ... Нæ... æнæ нанайæ куыд?.. X а д æ. Ды тыхсгæ ма кæн. Нанайы æз_. мæхимæ иоын, мæхи бар æй уадз.(Фузæмæ.) Мæ хойы хай, ку,- рæг дæ дæн, æмæ мæнæ ацы дыууæ уарзоны афæнда- раст кæн ЗАГСмæ. Дæу, мæнмæ гæсгæ, бауырныдта, æз кæй сарæхсдзыиæн цыфæнды уавæрты дæр. Уæдæ на- 230
найы тыххæй уæ сæр дæр ма сриссæд. (Созырмæ.) Цæй, цы лæууыс цавд дурау?! Гъæй кæн ЗАГСмæ. Мауал лæуу, ауай æмæ такси рацахс. С о з ы р. Æз фыр амондджынæй мæхи дæр нал æм- барын... Æз такси нæ, фæлæ ма мæ базыртыл дæр ахæс- дзынæн Фарийы. (Фаримæ.) Кæд) йæ) фæнд нæ аивта'1 уæд. ч Ф а р и. Ныртæккæ’ тынг хъæлдзæг, тынг амонд- джын Дæн, æгайтма хъуыддаг афтæ дзæбæх рауад. На- найы фæндонæй, æз мæхи стыр амондджыныл ньща- йын!.. Ф у з æ. Цæй уæдæ згъорæм! X а д æ й æ фæстæмæ иууылдæр ацыдысты. Ха д æ (зары). Ехх, куыд хорз у æмгарæн Баххуыс кæнынæн йæ зыны. Исчи бахауд уæззау ран — Æз æххуысмæ фæзынын. Æз хъуыддаджы цы уарзын,—/ Саразын æй дзæбæхæй — Æз ц’ агурын — ссарын Уæлдзæх æмæ дæлдзæхæй. Дзенокка (æддейæ). Фари, уæ Фари... X а д æ. Æгъа! (Фæрсагæй йæм акаст.) Цы, да-ам?! Уæдæ ай у йæ нана? Гъе уый дын диссæгтæ, æз та йын йæ;п1 цур комкоммæ алывыдтæ калдтон, ноджы йæм æртхъирæнтæ кодтон! Ехх, худинаг! Фæлтау зæххы скъуыды куы ныххаунн! Куыннæ мæ фæндьг йемæ фем- бæлмн. Цы сарæзтæуа?.. Цы сарæзтæуа? (Сынтæджы бынмæ фæкомкоммæ, афæлвæрдта, фæлæ дзы нæ цæцы. Рагон дынджыр чырын фегом кодта, йæ дзабыртæ фел- вæста, чырыны фæстæмæ сæ баппæрста, йæхæдæг чыры* ны ныггæпп кодта, йæ сæр ын йæхиуыл æрыхгæдта.) 231
Тыргъæй æрбайхъуыст дзæнгæрæджы хъæр, ноджыдæр хъуысы, дæ- гъæлтæй дуар куыд гомчындæуы, уый. Æрбахызт Д з е н о к к аг. йæ сæрыл хæцы. Д з е н о к к а. Фари! О, Фари! Охх мæ сæр тъæппы- тæ фæхауы. (Дыууæрдæм ракæс-бакæс кæны уаты. къуымты.) Нæй ничи дзы ис. Хуыцау хорз æмæ дæ- гъæлтæ мемæ ахастон. Ой, мæ сæр... Чысыл ма бахъæ- уа, машинæйы бын ма бахауон... Æз рахизырдæм, ма- шинæ дæр рахизырдæм. Æз галиуырдæм, машинæ- дæр — галиуырдæм... О, о, уыцы мнлицион куы нæ уы- даид, уæд барастыры раз балæууыдаин... Йæ ныййарæг йæ хурæй бафсæда, уастæн дæр!.. Сæр ратоны... Кæм ссардæуа сæрбæттæн? (фæцæуы шифанермæ, байгом æй кодта æмæ дзы нæ разынд.) Уæдæ йæ цы фæкодтаид? Æвæццæгæн æй чырыны бафснайдтон знон. (Бацыд, æмбæрзæныл схæцыд, фестъæлфыд, ахгæдта йæ æмæ* йæ сæрыл æрбадтис.) Æтт, мæ бындур йæ бынæй куыд разылди, къæрных! Ой, къæрных? Фæдис! Милицион, кæм дæ?! (Чырыны дуар дæгъæлæй ахдæдта. Уаты ра- тæх-батæх кæны.) Милицион! Милицион! (Йæ сæр ру- дзынгæй радардта.) Милицион!!! Ох, милиционы сæр мæ куыд тынг бахъуыд... Æз та бынтон дзæгъæлы баф- хæрдтон Созыры. Цы хуызы ма мæхи сраст кæнон йæ- разы? Милицион, милицион! Æрбазгъордта Ф а р и, йæ фæстæ Ф у з æ. Уыдон ауынгæйæ Дзе-- нокка æрхаудта, ты-хулæфт кæны. Ф а р и. Цы дыл æрцыд, нана?! (Фузæмæ.) Дон ын- радав, Ф у з æ (дон ын дæтты.) Нана, цы кæныс?.. Д з е н о к к а (амоны чырынмæ.) Уым, уым!.. Ф а р и. Цы? Фузæ. Кæм? Чырыны? Д з е п о к к а. Уркæ дзы хуыссы, тагъд ахъæр кæнг милиционмæ! 232 *
Созыр (æрбахызт.) Милицион ам ис! Д з е н о к к а. Цы, цы? С о з ы р. Зæгъын, æз ам дæн! Д з е н о к к а. Ды дæ? Тынг хорз! Хæц ыл, фидар^ ыл хæц! Ма ауадз къæрныхы! Мæнæн та хатыр бакæн. Ныр æй бамбæрстон, милицион нæ хъахъхъæнæг, нæ ирвæзынгæнæг кæй у, уый. Мæ иварыл дæр нал кæнын мæсты, ды дæр мæм мауал у хæрам. Зæронд рæдыдты- тæй фылдæр цы фæкæны... С о з ы р. Цытæ дзурыс, нана? Куы нæ дæм кæнын хæрам, уæлдайдæр та дæхæдæг дæр... дæ фæнд аивтай... Дзенокка. Гъа, уæдæ дын мæнæ дæгъæлтæ.. Байгом кæн чырын. Æвæдза, æз дæр милицæйы кусын- мæ бæззын!.. Ехх, æз ма куы уаин æвзонг, уæд æз дæр... Ехх, ме ’рыгон бонтæ! Куыд æй ацъипп^ластон!.. Чыры- ны дуар ыл дзæбæх ахгæдтон!.. Созыр чырын фегом кодта. С о з ы р. Дæ хорзæхæй, схиз уæлæмæ! X а д æ чырынæй йæ сæр сдардта, тыхулæфт кæны. Д з е н о к к а. Уый ды?! X а д æ. Æз. Дзенокка. Æмæ кæцæй февзæрдтæ ам? X а д æ. Æрбацыдтæн демæ хæцынмæ! Д з е н о к к а. Мемæ? Уый та цæмæн? Хадæ. Æз æй нæ зыдтон, ды Фарийы нана дæг уый. Ды мæ дæхæдæг са^хуыр кодтай, фыдцъылыс зæ- ронд усимæ куыд тох кæнын хъæуы. уый... О, о! Гъемæ* ныр кæд дæхæдæг разы дæ, уæд ма... Дзенокка. Разы, разы! Æз разы дæн алы бои дæр ивар фидыныл. X а д æ. Ивар фидыныл нæ, фæлæ, зæгъын, мæнæ- Фари æмæ Созырæн чындзæхсæв скæнæм... 233
Дзенокка. Цы? Нæ, æз ууыл разы нæма дæн! Нæ-æ-æ, уый тыххæй ныхас дæр куыннæ уа! Ф у з æ. Куыд, разы" нæ дæ? Созыр. Мах ЗАГСæй куы æрбахæццæ стæм ныр- тæккæ... Дзенокка. ЗАГСы?! Уæдæ ЗАГСы уыдыстут?! Ау, æнæ мæн бафæрсгæйæ куыд ацыдыстут ЗАГСмæ? Хадæ. Сымах рецептмæ гæсгæ. Хъуыды макæныс, абон нæ дæхæдæг куы ахуыр кодтай,"куыд архайын хъæуы, ууыл? Гъемæ байхъуыстам дæ дзæбæх уынаффæ- тæм, мах кæддæриддæр нæ хистæртæм хъусаг стæм. Дзенокка. Уæдæ хъуыддаг афтæ рауад, цыма уын æй мæхæдæг аскъæфтон, и? Ф а р и. Цæй, ма та ныффæрск у. Дæу афтæ куы фæнды, цæмæй æз амондджын уон. Кæд, милицæйы нæ уарзыс, уæддæр... Дзенокка. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ хъæбулы хъæбул, мæн фæнды, цæмæй ды уай амондджын! Мили- цæйы дæр æмбарын байдыдтон! (Созырмæ.) Уадз æмæ дæ хæдз,ары кæддæриддæр фидар кæнæд рæсугъд æгъ’- дау! Амондджын ут, амондджын, мæ хъæбултæ!.. Ф а р и, ’С о з ы р. (Иумæ). Стыр бузныг, нана! Хадæ. Кæсут?! Алцы дæр йæ гаччы абадтис! Ам дзы лæппу ис, лæппу! Æз/цы сфæнд кæнон, уый æрдæ- гыл нæ уадзын!.. Гъеныр мæнæн бахатыр кæнур. Æз згъорын Æхсар æмæ Æхсæртæгмæ, кæннод сæ æртæ са- хаты нæ федтон. (Худы.) Ф у з æ (худы). Æмæ дзы чи кæцы у, уый зонгæ та цæмæй кæныс? Мæн Фариимæ куы фæивддзаг кодтай, уæд дыууæ фаззоны... Æвæццæгæн дæ Созырмæ фæдзу- рь:<н бахъæудзæн, æмæ дын æгъдау æрæвæра. , Дзенокка. Мæ сиахс иыр алы ран дæр æрæвæр- дзæн æгъдау, рæсугъд æгъдау. Фари, Фузæ! Рахæссут- ма дурын, уæливыхтæ æмæ уал уын чындзæхсæвы раз- :мæ æз акувон. 234
Ф а р и. Рæвдз сты. Фынг рæвдз кæнынц. Дзенокка уал уæдмæ фæндыр райста æмæ «Ханты цагъд» æркодта. Хадæ, Фузæимæ уæздан кафг кæнынц. (Кафт ,фесты.) Ф а р и. Нана, фынг цæттæ у! Дзенокка. Рауадз-ма, мæ хъæбул, æз уын аку- вон. Æмбæрзæн.
СÆРГÆНДТÆ Æрмæст æй зоны æнгуз бæлас. . • . • 7 Бора æмæ Куарæйы хъысмæт б^ Мыхъо нанайы усгур лæппу у ...... , 140 Дзеноккайы митæ , , , , ^ , , ’. , , 172 Литературно-художественное издание Макиев Лавер Исакович ПЬЕСЫ Редактор С. 3. X у г а е в Художник Ю. Б. Ф у р с о в Художоственный редактор Г. 3. Чеджемты Тсх! лческий редактор 3. С. Мисикова Корректор Э. Дз, Баликоева ИБ № 2564 Сдано в набор 08.02.94. Подписано к печати 12.07.95. Формат бу- маги 70x108732. Бум. тип. № 1. Гарн. шрифта Литературная. Пе- чать высокая. Усл. п. л. 10,32. Усл. кр.-отт. 10,44: Учетно-изд. лисюв 9,52. Тираж 500 экз. Заказ № 1044. С. 31. Издательство «Ир» Государственного комитета РСО-Алания по де- лам издательств, полпграфии и книжноп торговли, 362040, г. Вла- днкавказ, проспект Мира, 25. Республиканская книжная типография им. В. А. Гассиева Государ- -ствениого комитета РСО-Алания по делам издательств, полиграфии и книжной торговли, ул. Тельмана, 16.