Text
                    Шæрниат1н ишоиш
ÆГУÆ Н К
нхаябшсг/псе
гш
нооеспш
ЧИНЫГУАДЗÆН „ИР«
0РДЖ0НИКИДЗЕ* 1979


840сет С(Осет) Ф-60 Фæрниаты Дз. Ф—60 Æууæнк: Радзырдтæ æмæ повесть. — Орджоникидзе: Ир, 1979.—136 с. Фарниев Дз. Ф. Верность. 70303-5. ^^^ М131(03)—79 С(Осет) © Издательство .«Ир», 1979
ЦАРДЫ ФÆНДÆГТЫЛ 1 Æ мбисбонæй фæстæ- мæ фемæхст. Уары æмæ уары. Герийæ сы- быртт нæ хауы. Кæмæ бахæсса йæ хъаст? Кæмæн сбуц кæна йæхи? Æнæцæугæ та нæй. Цæуы. Йæ ус Розæйы коммæ куы ба- кастаид, уæд афонмæ йæ хъарм артдзæсты бадид. Фæлмæн гобапыл уæлгоммæ хуыс- сид. Науæд телевизормæ кæсид. Йе та га- зеттæ фæлдахид. Изæрдалынгты æрхæццæ сæ хæдзармæ. Цъылийы хъæу... * Уартæ кæм бæсты ис! Æфцæджы сæрты йæм хизын хъуыди. Бæ- хыл бæргæ уыди. Фæлæ хæхты хатгай фис- тæгæй æнцондæр у. Уырдыг, хæрд, дурту- лæн нарæг фæидæгтæ... Марадз æмæ сар- гъыл сбад. Кæм фæкæлдзæии, кæцæй ас- Къиудзæни! Æмæ бæхы йæ фæдыл фæлас- та. Цæмæй æнхъæл уыд, бахъæудзæн ма йæ... Уыййедтæмæ йын донæн йæ фаллаг- фарс йæ саргъ нæ фелвæстаид æмæ йæ та- 3
лынджы уæгъдидонæй нæ ауагътаид! Ныр мæйдары ссæнды фистæгæй. — Кæдæм та ф^ераст дæ, кæдæм? Къæ- бæр бахæр, æрулæф, дæ бинонты цур сбон кæн! — йæхи йыл сцагъта Розæ, скæуын- хуыз и. — Оу, мæнæ... Тилифонмæ ма байхъус! Фæдисы къуыбылой куы тулы. Кæм федтай тыхст уды еудодоймæ хъусты къæрмæджы- тæ батъысгæ? — скатай къæсæргæрои нæл- гоймаг. Тилифон æфцæгæй фæдисдзæнгæрæг цагъта. Десы Къахырыл — фыдбылыз. Ду- шетаг фиййау айнæгæй рахауд. Уæззау цæфтæй уæтæры хиты. Къæхтыл нал лæу- уы. Иæхи нал æмбары. Дохтыр, кæм дæ, цыфæдæ? Дзыхъхъытæ, къуыппытæ, хуырвæндæг- тæ. "Армы—дзыппыхæсгæ фанар. Агуры дзы развæд. Æхсæвы тæн дзы фæкъæртт вæй- йы. Култы, цæмты бассæнды. Ахæм рæтты цæфхадджын цырыхъхъытæ ницæмæй тæр- сынц. Иæ уæлæ плащ. Рахиз уæхскыл дыу-^ уæхстон хæцæнгарз. Иннæйыл — хызын,' дохтыры хостæ, мигæнæнтæ. Хосты карз тæф фындзыл аныдзæвы, фæлæ йæ уай- тагъд дымгæ фæхæссы. Къæвда йæ тых хъары. Уæитыл, уæхсчытыл кафы. Æф- цæггот бæргæ сфæлдæхта — ницы. Къæбу- тыл дон быры хъуырмæ, фæсонтыл, дæ- лæрттыл бынмæ афардæг и. Ихæн. Гери йæхи æрбакъæдз кæны. Цыма йæ буарыл ихын калм алæсы. Бурдзалыг цæсгом сæн- хъырттæ вæййы. Худ ныддондыппыр. Сæ- рæн — уæлдай уæз. Фиййæутты уæтæр цы 4
ран ис, уый зоны. Фарон ма дзы уыд. Дæрддзæф у. Комы фыдвæндæгтыл арæхст- гай исын хъæуы къах. Боныгон куы уаид, уæд цы нæ ис, фæлæ æхсæвы цæст куырм у. Знон Цъылимæ хорз рауад йæ балц. Кæркуасæнты йæм æрхæццæ сты фæдис. Дысон дæр «уым баззад. Хуыссæджы цъыртт нæ федта. Æмæ, дам, ма баххуыс кæн мæлæг адæймагæн. Хæрзæрыгон сыл- гоймаг. Фыццаг хатт ын гуырди сывæллон. Æртæ боны хъуырдухæн кодта. Ие сæфты къахыл ныллæууыд. Адæргæй йæ былы цъæрттæ бахсыдта. Тыдта сæрыхъуынтæ. Ингæн... æндæр гæнæн дзы нал уыд. Фæн- дæгты, хидты ивылд дон фехæлдта, фæлас- та. Телыхъæдтæ цалдæр раны афæлдæхты- сты... Аггуырсæн ничердæм уал уыд. Гери йæ разы куы февзæрд, уæд æм йæ фæллад цæстытæ æрбазылдта. Тæригъæд- даг, лæгъстæгæнæджы каст. Дохтыры цæнгтæ фæфистæг сты. Фыццаг хатт, миййаг, нæ федта ахæм тыхст уырыд адæймæгты. Сахат... Дыууæ... Æмæ бурдза- лыг лæппуйы цъæхахст райхъуысти... Ус фервæзти. Цинтæ... Хæрзæггурæггæгтæ... — Цæмæй дын бафидон дæ хорздзинад? Ды нæ хуыцау дæ! — æмæ йын хæдзары хицау фондзаздзыд сырх гал йæ размæ ра- кодта. — Барвæс мын мæ лæварыл, аскъæр æй дæхицæн,— ныххатыди лæг. — Уанцон нæу, цы мын æмбæлыди, уы- мæй уæлдай ницы сарæзтон,— загъта Гери æмæ галы сæрвæтмæ ауадзын кодта. Ныр та мæнæ ног фæдис. Хуыссæг дæр æй бæргæ ахсы. Куыд зæрдиагæй бафынæй 5
уыдаид! Райсом суанг хуры скастмæ йæ сæр хъæццулы бынæй нæ радардтаид. Ком фæсте аззад. Фугæджын фахсы схæрд кодта. Цырагъы рухсæй агуры къæдз-мæдзы къахвæндаг... Мæнæ рагъ. Дымгæ абухы. Уарын не ’нцайы... Уæд та чысыл абадид? Æмæ йыл йæ фæллад куы æртæфса... Хуыссæг æй куы абырса.... Нæ, размæ. Фæуырдыггæнæн. Бырынцъаг æлыг сыджыт... Фæцудыдта дзы. Фæфæрсыл и. Цæстытæй цæхæртæ атахти. Фæтæррæст ма ласта. Фадхъул сдудыдта... Сæры — дыз-дыз. Дурмæ йæ æрхаста. Чиугæ араст и. Кæд фæхæццæ уыдзæни? Фазыл бырæ- гау... Иудзæвгар алæууы. Тамако сдымы. Араст вæййы. Дарддæр... Дарддæр... Дык- каг бæрзонд рагъ... Схызти йæ цъупмæ. Да- лæ рæбыны рухсы цъыртт... Уæтæр æрба- зынди. «Мæ размæ сæ кæд исчи рацæуид». Уæхскæй централкæ æриста. Гæрах! Гæрах! Бынæй куитæ срæйдтой. «Кæд афтæ æнæ- рхъуыды нæ разыниккой». Рауад цалдæр минуты. Дымгæ æрба- скъæфта адæймаджы уынæр, æхситтытæ, хуыфын. Куыдзы рæйын... Дыууæ сау æн- дæрджы... Гери сæм фанары рухс фæца- рæзта. Фиййæуттæ... — Рынчын куыд у? — афарста сæ. — Дохтыр?! — Ныддис, ныццин кодтой лæгтæ. Гыццыл фæстæдæр Гери æрлæууыд уди- сæг рынчыны цур. Йæ плащ феппæрста... ХЬстæ... мигæнæнтæ... цырагъ. Дыстæ ба- тылдта,.. 6
2 Цъæх дарихуыз къуылдымыл Ладо йæ лæдзæджы æнцой слæууыд. Дзугыл йæ цæстæнгас сабыргай ахæссы. Зæддаг фос. Дзæгъæл уаст, дзæгъæл ратæх-батæхмæ дзы никæй æвдæлы. Сæ цыргъ дæндæгтæй ногдзыд кæрдæг бындзарыл дасынц. Урс фысты дзуг... Сæ уынд, сæ бакаст цыдæр æхсызгон у Ладойæн, йæ мидбылты баху- ды. Фиййауы æмæ фосы зад сæрвæт йæ фæдыл уæлæмæ-уæлæмæ сайы бæрзонд рæгътæм. Сæрзилæн тигътæ, цыргъ цъуп- пытæ, къуымых къæбыртæ... Дæлиау, кæм- дæр арф ран баззади уынгæг ком. Хæххон тæлтæг доны сонт зарæг ма кæцæйдæр стæм хатт сыхъуысы. Æмбисбонмæ феввахс. Ривæдафон. Фос сæ зыд хизыыæй æрсабыр сты. Кæрæдзи фæрстæм сæхи æруагътой. Æддæдæр фæл- мæн цъæнутыл æрбадти фиййау. Лулæйы махоркæ ныннадта. Дымы. Иу пъæртт. Ин- нæ. йæ хъуыдытæ йæ ахастой йæ райгуы- рæн хъæумæ. Йæ лæппуйæн ацы фæззæг ус хæсдзæн. Сæ хъæуы чызджыты æвзары. Нымайы сæ. Кæцы уыдзæни йæ чындзаг? Бахуды... Чындзæхсæвы сырх сæнæй куыд рæгъытæ кæндзысты... Зурнайæ куыд цæгъддзысты... Кæрты лекъури кафт... Æмæ куыд арæдзæ-мæдзæ... Нал æй фæ- хатыдта. Афынæй. Иурæстæджы йæ цыма чидæр ныууыгъ- та. Дуне гыбар-гыбур фестад. Ладо йæ цæ- стытæ аууæрста* Хох нытталынг. Йæ фæс- чъылдымæй пъæра мигътæ бырстой. Дзуг растад. Сæхимйдæг цъилау зилынц. Уыр- 7
дыгмæ, комырдæм сыл ахъæр кодта. Æрдз сызнæт и. Къæвдайы дон дзыккуйы стæв- дæн цыхцырджытæй ныллæууыд. Ладо фæлтæрд фиййау у. Тымыгъ, тæркхъызтытæ куы сыстынц, уæд, йæ цæс- гом, йæ фындзыхъæл йе ’фцæгготы чи нытътъыссы, уыдонæй нæу. Фалдæр сæрсæфæн был, æмдзæхгæр ай- нæг. Колхозы фос кæлдзысты. «Нæ хъæуы астæу ма мæхи куыд равдисдзынæн. Бабын дæн!» Ладо фыстыл хъæр кæны, даргъ лæ- дзæгæй сæм æвзиды. Сау хъызт дзуджы былмæ фæтæры. Йæхи сыл ныздухы. Уæгъд сæ нал уадзы. Ногзад уæрыччытæ æргъæв- сынц... Сæ мадæлтæм уасынц., Фиййау сæ разы ныццæхг’æр. Иæ хурсыгъд цинел феп- пæрста. Донласт нæудзарыл æй тъупп- тъупп кæны. Зæнг æй сайы, зæнг... Хæст... Æнæрай фæуа... Саха цæстытæ ахгæны. Дымгæ хæхты дзæнгæрæг фестад. Лæджы куырисбаст æрбацæйкæны. Ныццæй йæ æв- зилы. Фæцуды. Кæмæ хъæр кæна фæдис? Æввахс ничи ис. Ацы бон дард нæ рацы- дысты. Ладойы дæр хур райсом расайдта. Дзыхъхъирд уыд арв. Кæцæйдæр уæлæуæзæй дуры зыввытт фæцыд. Цыма йæ искæй тенка агурæг рар- выстой. Фиййауы сæрæн — дзæхст. Мидæ- гæй сæры цъыкк-цъыкк фæцыд. Къухæй фæлæбурдта цæфмæ. Туг акалд. Зæрдæ йе ’мбылтæм тасæй айдзаг и. Тас судзинау хуынчъытæгæнгæ буары афардæг. — Ладо-о-о! — ацахстой йæ хъустæ йе ’мбæлтты хъæр чысыл фалдæрæй. Фæстаг тыхтæй архайы... Туджы тухæны бацыд. Зæнгты магъз цыдæр фæци. Цыма йын 8
кæмдæр дард ран баззадысты. Сæры туг нал уромы. Нысхуыста та йæ æгъатыр уы- лæн. Цæстытæ куыд атартæ сты, уый нал ра- хатыдта. Хуылыдз зæххыл йæ тъæпп фæ- цыд. Ратылд æмæ къæдзæхæй асхъиудта. 3 Ладо йæхи нæма æрæмбæрста. Рахиз зæнг ныппырх и. Галиу фарс, фæрсчытæ — сæстытæ. Сæр — уæззау цæфтæ. Былтæ ныцъцъæх сты здыйы хуызæн. Фæлурс, фæллад фæлм сбадти цæстытыл. Æртæ боны, æртæ æхсæвы Гери тарф рынчыны цурæй йæ къах никуыдæм авæрдта. Цы зонд, цы хъару тæлфы йе уæнгты — нал сыл ауæрдь^ Фиййау канд цæфтæ нæу. Тынг уазалдзыд у. Хостæ... хостæ... укол- тæ... бинтытæ, бæмбæг.... Алырдæм бæсты- тæ... утæхсæн... Йæ хид пуртийæ кæлы. Хъизæмар, .фыдæбонæн кæрон нал ис. Цып- цæрæм бои райсомæй, цыма карз фынæйæ æрыхъал и — цæстыты æлхъынцъ райхæл- ди. Тыхст, лæгъзтæхуыз, тæригъæддаг... Геримæ сæ разылдта. Былтæ базмæлыды- сты... Цонг æнæбары систа. Улæфт фæны- вылдæр. Дохтыр ын йæ ном базыдта... — Ладо, цæй куыд дæ? — фæрухс и Ге- рийы фæлмæцыд цæсгом. — Дæхиуыл ма схæц, кæс-ма, цалдæр боны дохтыр дæ разы лæууы! — базмæлы- дысты фиййæуттæ уæтæры. — Фос цы фесты? — тыхтæй-фыдтæй сирвæзти лæгæй. 9
— Иу дæр дзы нæ фæхъуыд! Тыхст адæймаг базмæлыд... «Дон»... Дон анызта... Геримæ хæрдмæ скасти... Кæсы æдзынæг. Цыдæр хъуырдухæн цæсгомыл тыхсы. Ныхы арф æнцъылдтæ кæрæдзимæ æрбахæстæг вæййынц. Стæй сындæггай афтæ: — Саухъалты Гери нæ дæ? — Дæн! — аджих хосгæнæг. — Хæсты... куыройы хæлд нал хъуыды кæныс? Гуырдзиаг лæппу... Æз уыдтæн. Де ’ккойы мæ куы фæхастай... Мæ хуыцау дæ! — тыхулæфтгæнгæ хæрз æнæбары иу- гай дзырдтæй сирвæзти Ладойæ æмæ йæ армытъæпæн Герийы цонгыл æрæвæрд- та. Гери хæсты фæстæ йæ хуыз нæ аивта. Къæсхуыр бурдзалыг цæсгом, - схъæл фындз, дæргъæлвæст роцъо,? - раззаг дæн- дæгтæ куыддæр тæссар-мæссар... Фæивд- дзаггæнæн ын никæимæ уыд. Дохтыр нымдзаст и рынчынмæ... Уый у... Уыцы Ладо! Йе стыр фындз, йæ бæзджын сау æрфгуытæ... Уыцы æвзист дæндæгтæ... Уадулыл сау бызычъи... Афтæмæй лæууы нырма... Ныхыл тæлыйы хуызæн нос... Зæн- джы цæф... Гери исдуг сæццæйæ баззад. Стæй лæгыл атыхсти... Йæ цæф сæр ын йæ дæллагхъуыр акодта. Цæстыты цæссыг абадти. Уыцы куы- ройы хæлд, уыцы бон... Раджы уыди уый. Уыцы хурыскасты Ладойы бецыччы иу урс аЬрду дæр нæма уыд. Ныр та йæ урс сæ- рыл иу сау хал хæснагæн нал и. Дард фæн- дæгтыл саусæрæй урссæрмæ æрхызти. Бæр- зæй сугсæттæн къуыдырау фæугæрдтæ. Уы- 10
цы бон... Дард баззадй... Цыма йæм дзЫ топпыхосы фæздæг æрбакалди. Хæсты быдыр. Донгуырæны дурæй амад куыройы хæлд... Бæрзондгомау ран... Хæр- даив æм у бацæуæн. Немыц дзы æд пуле- мет, ^æд автоматтæ æрфидар сты. Махуæт- ты фæндагыл ныффæрск сты... Дыккаг бон размæ акъахдзæф никæй уадзынц. Сæ цæ- хæр байгом вæййы. Зæхмæ сæ æрæлхъи- вынц. Талынгæй ротæйы командир фæ- дзырдта лейтенант Геримæ. Бардзырд уыд хæрз цыбыр: «Райсом дæс сахатмæ куыро- йы хæлды иу фашист дæр куыд нæ уал уа!» Фæллад бон хæсты артдзæст катайаг æх- сæвы къухтæм радта. Арвы бын цы ис — сæ ахуырст ссыд. Сау мæйдар сыл ралæ- сæн кодта. Гери æмæ авд салдаты сæ балцы фæнда- гыл æрлæууыдысты. Лæнкау... Донвæд. Цæуынц куы гуыбыр-гуыбыр, куы—сæцып- пæртыл, хъавгæ. Фронтæн йæ хъæлæсы цы- ма къæрмæг фæбадти — ацы минут никуы- цæй хъуысы топпы гæрах, хæдтæхæджы гуыв-гуыв. Знон изæрæй ацы пыхсбынæй булæмæргъы зарын хъуысти. Фæлæ абон- дæргъы кæмдæр бандзыг йæ хъæлæс. Æвæццæгæн, йе ’хситгæнæн хæсты арты ба- сыгъд. Ладо æмæ Гери фæрсæй-фæрстæм цыд фесты. Сæ рæмбыныкъæдзтæ, се ’нгуылдз- тæ кæрæдзийыл аныдзæвынц. Æвиппайды сæ комкоммæ сыстади ракетæ æнцад-æнцо- йæ. Салдæттæ уырыл дæлгоммæ æрхауд- той. Бæстæ барухс. Гери ауыдта разæй уы- мæл сыджыты обæуттæ. Æрæджы кæй 11
скъахтой, ахæм йнгæнтæ. Йнгæитыл згъæр цъæх худтæ. Цæст сыл ацахста . фондзти- гъон стъалыты нывтæ. Нæхиуæттæ. Ацы къардиуты чи араст вæййы, йæ къах дзы чи авæры, уыдон, æвæццæгæн, аныхъуыры. Бæрæг у, адæймаджы зæрдæ дзы цæхæр- калгæ кæй ссыгъд æмæ кæй ныппырх, уый. Хæстонтæ сæ цæстытæ ифтыгъдæй да- рынц. Ракетæты рухс ахуыссыд. Размæ... Фæлæ та иннæ сыстад... Æрбабон та ис. Сæ хæдфарсмæ æрхауд. Æмæ та бæстæ атар вæййы, раст цыма дуне йæ сау дарæс скæны. Знаджы сармадзаны гуымс фæцыд... Къорд хатты. Арвыл сонт сыф-сыф ссыд. Куыд æввахсдæр, афтæ тынгдæр. Зæрдæйы уидæгтæ артмæ бадарди... Чи бабын уы- дзæни? Сæрдзыд афардæг сты. Кæмдæр фæстиау сæ рыпп-рыпп бамынæг; срæйд- та куыройы пулемет. Нæмгуыты æхситт хæрз хæстæг рæттæй райхъуысти. " , — Бафиппайдтой нæ! — йе ’мбæлтты хъусты сусу-бусуйæ бадзырдта Гери. Хъыпп-сыпп нал хъуысы. Бырынц сæ гуыбыныцъæрттыл. Зæххы рыгтæ хафынц. Тырты, какон сындз, цыргъ къæйтæ, цъыф, хуыр... Риссынц, дудынц сæ уæрджытæ, цæнгтæ... Артау судзынц. Сау хъуырдухæн. Дзых схæлиуы бар нæй. Ис- куы иухатт дзæгъæлдзу ирдгæ кæцæйдæр æрбасенк ласы. Мæйдаримæ сусу-бусуйыл схæцы. Цыма сæм цыдæр сусæгвæнд ис. Стæй .æрбацыдæр, кæмдæр ныхъхъус вæй- йы, цыма цæмæйдæр фæтæрсы. Командир салдæтты къорды æрурæдта. Æрбатыгуыр ыл сты. Нымæрæй сын "зæ- 12
гЪы: «Воныцъæхтæм ам банхъæлмæ кæсæм. Пауæд сыл куырмæджы нæхи куы скъуы- рæм, уæд нæ хъуыддагæй ницы рауайдзæн. Куыройæн дæрддзæф сусæг хъахъхъæнæг макуы уа, уый гæнæн нæй. Фæцæгъддзысты нæ. Цæст боны рухс куы æрцахса, уæд нæ хъару æмæ нæхæдæг! Æввахс у ныр, скæ- сут-ма, куыройы хæлд куырм уæигау сау- далынг дары. Æрулæфæм уал. Æрмæст фынæй — нæ!» Хуыссынц æвзонг лæппутæ. Бирæ ныха- сæгтæ сæм ис кæрæдзийæн. Фæлæ знаг къæрцхъус у. Райсомы бон цы æрхæсдзæн, кæмæн цы нымбæхста йæ арф æвæрæнты, марадз æмæ йæ бамбар. Хæст хæст у. Згъо- ры рæстæг. Сахат... Дыууæ... Сæрдыгон æх- сæв — гæппы бæрц. Цадæггай цыма æхсæ- вæн йæ хуыз фæлурсæй-фæлурсдæр бай- дыдта. Скæсæнырдыгæй арвы кæрæттæфæ- тæнæгдæр сты. Цъæхдзаст рухсы тæлм рæгътыл йæхи ныхасы. Цæст йæ развæдыл фæхæст. — Бырæм! Дыууæ къордæй. Цыппар га- лиуырдыгæй бырсдзæни, цыппар — рахизы- рдйгæй. Гранаттæ — цæттæ, рæвдз. Ныз- зыввытт æввонг! — амоны Гери. Къорд фæдихтæ. Кæм гæдыйау — цып- пæртыл, кæм калмау — гуыбыны цъарыл. Алчидæр йæ цæстæнгас нысагъта куыройы къахыр къултыл. Ныртæккæ... Ныртæккæ... Куыд æрæгмæ змæлы!.. Ладо цæхгæр фæ- лæууыд. Иæ хæдразмæ сау къуыбыр. Цы- дæр дзы базмæлыд. Командиры цонгыл фæхæцыд. Ацамыдта йын къуыбырмæ... Адæймаг. Фынæй... Фашистты хъахъхъæ- нæг. Гери йын къухæй ацамыдта... Кар- 13
Дæй! Дæхи йыл иыццæв! Мах мæнæ стæм! Гуырдзиаг лæппуйæ рахъуыды-бахъуыды æрбайрох. Цыдæр тæвд уылæн æй фелвæс- та. Туг цæсгомы амбырд. Фарсылдаргæ æфсæддон карды ком ма ауыдта. Тæррæст! Лæгæн дзæхст. Кард дæлармы фистоны онг аныхсти. Немыцаг салдаты богъ фæцыд. — Гранаттæй! — ацамыдта Гери. Сисрæбынтæм басæррæттытæ ластой. Мидæмæ — зыввытт... Зыввытт. Æзхуыздæ- ронæй. Гранаттæ рæмудзынц. Се , схъистæ сæхи дуртыл хойынц. Куыройы хуыккомæй пулеметты зынг фемæхст... Фалдæрæй, дур- ты бынæй къæр’’-къæр райхъуыст... Дыккаг къорды раз... Немыцæй цалдæр гранаты расхъиудта æддæмæ. Даргъ хъæдджынтæ. Гуымс... гуымс... Рыг æмæ топпыхосы фæз- дæг улæфæнтæ ахгæнынц. Фаллаг пулЙмет фæхъус. Гæрах дзы нал хъуысы. Цы фе- сты? Никуыцæй зынынц се ’мбæлттæ. - — Мæ фæстæ! — фæгæпп кодта Гери, дамбаца йæ къухы. Сисы сæрты йæхи ба- схуыста. Иннæтæ — йæ фæдыл. Знаджы мæрдтæ сæ къæхты быиты... Ис ма дзы... Армæй хæст... Гæрах! Дзæхст! Рæхуыст! Хатыр, тæригъæд нал и... Тох ахаста цал- дæр минуты. Арвы ферттывдау. Стæй фæ- хъус и. Командир ссырддзаст... Æхсæнгар- зимæ ратæх-батæх кæны... Кæд ма дзы ис- чи æмбæхст у! Хæстæг змæлæг нал и... Акасти... Æруыдта... Хъусæй аззади. Не- мыц дыууадæсæй нал федтой хурыскаст... Ие ’мбæлттæ æхсæзæй ныдзæм, ныддæл- гæмттæ сты. — Æллах, цы ма кæнон! — райхъуыст еудодой. 14
— Ладо, цы хабар у? — Мæ зæнг! Акъахдзæф мæ нал и! — æмæ цыма фыццаг хатт ахуыр кодта цæ- уын — сцæйлæууы æмæ та фæстæмæ æр- хауы. 4 Гери хуымы ифтыгъд галау тыхулæфт кæны. Риухъæнджын зæропдау йæ риу æр- бацæйæхгæны. Хуыфы. — Фидар мыл хæц! — дзуры Ладомæ æмæ схойы размæ. Æнцæнттæй нæу йæ уаргъ. Хæссы йæ. Куы йæ дæлармы, куы йæ хъæбысы. Зæнг истæуыл куы баныдзæ- вы, уæд Ладо ныдздзыназы, йе ’фсæры- къæдзтæ ныттынг вæййыпц, цæстыты дон абады. Гæрах! Гæрах! Тыхгæнджытырдыгæй райхъуыст топпыты къæр-къæр, нæмгуыты дыв-дыв: «Федтой нæ! Километр ма! Хъæд- ^æ баирвæзиккам!» Фæфæрсыл сты дзыхъ- хъы. Уысмы бæрц бæстæ ф’æхъус и. Уай- тагъд та æрдзы æгуыппæг ныскъуыдтæ. Фæсрагъæй стадысты минæйы нæмгуытæ. Ныхстысты нæууыл... чи дарддæр, чи фал- дæр... Герийы бын ризы сыджыт. Тæркдым- гæ былтæ ныццæвы. Фæздæджы цæджындз атыхстн сæ сæртыл, сæ алфамбылай. Фыц- цаг хурыскастыл фыццаг хуры тынтæ сæхи лæджы туджы ныннадтой. Фæцæф Герийы бæрзæй, рæмбыныкъæдз. Райхъуыст Ладо- йы утæхсæн. Æрфыджы сæрмæ ныхы туг æркалди. Хæцæнгарзыл хæцынæй чи смыз- гъуыр, уыцы хæствæллад æнгуылдзтæй ту- джы саха асæрфта йæ цæсгомæй. Бæмбæг æмæ иарæг хызы фарин фелвæс- 15
та командир. Тагъд-тагъд дзы лæппуйы ^ъæдгом абаста. Размæ! Йе ’ккойы баппæр- ста рынчыны. Бæргæ... Æндæр хос дзы нал ис. Лæсы. Къæмисæнты цыма æхсидгæ куырдадз ис. Дзæбугæй сæ дзæхст-дзæхст чындæуы. Тæвд. Хиды фыцы. Иæ фæздæг кæлы. Иæ зæрдæ йын æфсæйнаг уæхстыл бачындæуыд. Артмæ йæ ныддарди. Æг- гуырсы... Доны хъыртт! Æй-джиди! Далæ бæргæ ис... Дурты æхсæнты уайы. Сыгъдæг дон. Йæ бын уыцы рæсугъдæй зыны. Фæлæ дард у, тынг дард. Тас, мæлæты хидыл æм бахизын хъæуы. Тыхгæнæг нæ зоны хатыр. Ногæй та гæрах... Гæрах... Дæс хатты... Ссæдз... Гери æмæ Ладойы бын зæхх ныр- ризы. Нынкъуысы. Тохвæллад быдыртæ ныууынæргъынц. Иу сæрфæцæвæн иал и. — Кæд фæуыдзæни ацы зындон? — фæр- сы Гери ризгæ хъæлæсæй йе ’мбалы. Æмбал дзурыныл нæу. Гери анцайы. Ныффæлурс. Кæмæндæр ард хæры. Кæйдæр æлгъиты. Йæ тугуарæн уынгæджы бакаст — бирæгъы зæрдæ дзы бариздзæни. Хъæд... Мæнæ! Мæнæ! — Фæстаг тыхтæй анцади. Лæгдзинад, ды æнусон дæ! Диди- нæгау макуы азгъæл! Æмæ сæ хъæд йæ тарфы амбæхста. — Фæци хъаймæты фæндаг. Рагъы фæс- тæ нæхиуæттæ... Уым фалдæр санбат. Тæрс- гæ мауал кæн,— арф ныуулæфыд ирон æмæ стъæлд салдаты бæласы бын цъæх кæрдæ- гыл, æрæвæрдта. Уый нал змæлыд. Гæзæ- мæ ма йæ улæфт хъуысти. Геримæ афтæ каст... Йæ фæстаг минуттæ æрхæццæ сты. Джихæй йæм баззад. Хæлаф, хæдон, цы- 16
рыхъхъытæ, худ — нæмгуытæ сыл бавзæр- стой сæ хъару. Хуынчъытæ. Туг хъары фæ- сонтæй, æгъдтæй. Цалдæр боны размæ æрбафтыд Ладо Ге- рийы взводмæ. Бæстон æй нæ базыдта. Ла- до... Ном бадардта йæ зæрдыл, гуырдзиаг. Кæсы йæм æдзынæг. Цымæ, цы арвы бын схъомыл? Кæд искуы йæ фæллад галтæ баззадысты фæсхъæу... Æви йæ хъомгæсы лæдзæг йæ урсхил мадмæ радта? Кæд ын дада и<с, æмæ йæм сæ къæсæрыл дард бал- цæй алы изæр æнхъæлмæ кæсы. Ие йын уарзои чызг ис искуы... Йæ цæссыг калы алы æхсæв сусæгæй йæ базыл. Рæстæг уади... Ладо базмæлыд. Хуры рухс йæ цæстытæй суыдта. — Фидар лæуу, ахæм у нæ заман!—Ге- ри йе ’мба’лы цæфтæ баста. Цæмæй -æнхъæл уыд, уыцы къухтæй та ногæй дæс æмæ ссæдз азы фæстæ Ладойæн йæ судзгæ хъæдгæмттæ бæтдзæн. Ногæй та йæ сау ингæиæй байсдзæн. Цæмæй та бæрзонд хохæй йæ дзуджы фæстæ цæугæ- йæ райхъуыса йæ зарæг. 2 Æууаенк
ХЪÆДЫН КЪАХ 1 Р ■* ог ирдгæ иемæ хæс- сы адæймаджы уынæр, уисы цъæхснаг цъыччытæ, къæхты удаист гыбар-гыбур. Цæйдæр сыф-сыф, знæт футтытæ... Чи у, цы хабар у? Пыхсбын обауы аууонæй ницы зыны. Цыма чидæр кæмдæр арф уæрмы хъуырдухæны бахауд. Хæрз саби лæппу ма уыдтæн уæд. Тæссæй афæлурс дæн — кæд нæм исчи истæуыл мæсты у æмæ нæм æрбалæбуры. Тас æр- балхъывта мæ улæфæнты. Ацахста мын мæ цæнгтæ — ризæг сыл бахæцыд. Мæ бон сæ æрсабыр нал уыд. Цæстыты цæссыг куы-' дæй абадт — нæ йæ фæхатыдтон. Мæ уæл- тъыфæлттæ дондзастæй кæрæдзийыл ан- дæгъдысты, æмæ сæ мæ дысæй асæрфтон. Ме ’фсымæр Темырмæ бакастæн. Сдзурын- мæ йæм хъавыдтæн, ома, ницы хъусыс? Цавæрдæр загъд-замана æрбаввахс. Нæхи аууонмæ айсæм. Фæлæ уый йæхи ницыхъуоæг 18
скодта. Къæпи йæ армы, афтæмæй ныггуЫ- быр. Картофы губаччимæ хъуырдухæны бацыд. Уæдмæ дыууæйæ обауы сæр фев- зæрдысты: схъæлзæнг сырх хъуг æмæ бур цинелджын лæг. Нæ астæу бирæ дæрддзæг нæ уыди. Сту- ры цыргъ сыкъатыл урс бæндæн-æфтыд. Бæндæны кæрон — йæ хицауы рахиз къу- хы. Цæмæ æрлæууыдысты, уый зын бамба- рæн уыд. Хъуг тылдта йæ сæр. Тыхулæф- тæй йæ тæнтæ аппар-аппар кодта. Къæхтæ зæххыл иуран не ’вæрдта. Зæвæтдзæгъдæн æм цыдæр хорз фæкасти. Нæлгоймаг йæ сау нымæтхуд йæ армы цъуптыхтæй дард- та. Цинелы дæрзæг фæччитæй сæрфта йæ цæсгом, йæ бæрзæй. Хуыфыди. Стурмæ уи- сæй февзыста. Уырдыгаив ыл ранцад. Раз- мæ! Марадз, зæгъ, хайуан къахдзæф не ’ггуырсы. Уисы цъыкк — агъдæн, фæсон- тæн. Тæрсæн хъæртæ... Хъугæн цыма йæ быны дысæрон дзигуылæйттæ фæмидæг сты, джебогътæй йæ срæхуыстой... футты- тæ, схъиудтытæ... Иæхи куы фæстæмæ ап- пары, куы фæрсырдæм. — А лæппу бирæ дæ хуызæтты æрсабыр кодта. Фæлæуу,—хъæрæй дзуры лæг, бæн- дæныл ныззæгæл, йæхимæ йæ æрбалвасы. Стур цъилау зилы. Сæр фæбынмæ вæй- йы. Фæстаг къæхтæй—чъыллипп. Фын- дзæй ныхситт, ныффуттытæ ласы. Иæ хица- уы йæ фæстæ фæцæйскъæфы, сæфтджыты бынæй нæууы чъылбызтæ фесхъиуы. Лæг фæцуды. Иæ къах куы дурмæ фæцаразы, куы къуыбырмæ. Йæ цинелы фæдджитæ мæлхъы базыртæ фестадысты. Дымгæ сæ хæрдмæ фæйлауы. Хъуырдухæн бирæ нæ 19
ахаста. Дыууæйæ дæр фæсабыр сты. ÆвæЦ- цæгæи та чысыл фæстæдæрмæ алчидæр иог тыхтæ æмбырд кодта. Сæ иу размæ анца- йынмæ, иннæ фæстæмæ лидзынмæ. Уыцы схъæлзæнг хайуан кæдæмфæнды цæуыныл дæр разы уыд. Æрмæст размæ — нæ. Мæ зæрдæ ме ’муд æрцыд. Æнцонæй су- лæфыдтæн. Махмæ ничи лæбуры. Ничи нæ бахъыгдардзæни. — Оу-уа, мæрдырох мыл куыд бафтыд! Фæлæуу, æз дын!— загъта хъæрæй. Дзып- пæй хæрынкъа фелвæста. Сæрбосæй скъуыддзаг — хепп. Стуры раззаг зæнг дзы æнгом æрбабаста. Гæрчъыздухæнæй йæ æрбалвæста. Хъуг ма атæлфыди, сæр батылдта. Лæг сæрбосыл рахæцыд. Рараст и. Диссæгтæ! Цы æрбатары сты йе ’рра суцца митæ! Афæлвæрдта ма сæлхæр чъыл- липпытыл, фæлæ йæ атæлфæнтæ къуындæг разындысты. Цыди чиугæ, нæтгæ. Лæг мах комкоммæ æрбахæццæ. Æнæбары салам нын радта. Рæстмæ нæм кæсгæ дæр не ’рбакодта. Фæндагæй иуварс азылд. Чы- сыл уæлдæр — бæрз бæлæстæ. Иуыл дзы йæ хъуджы æрбаста, иннæйы бын^ цыма донзоныг фæци, уыйау æрхаудта æмæ уæл- гоммæ афæлдæхти. 2 Цыдæр цымыдис мæм фæкасти. Р1æ фæ- дыл сызгъордтон. Дæрддзæфæй йæм ным- дзаст дæн. Чи у, кæцон? Нæй, никуы йæ федтон. Гутоны ифтыгъд галау уæззау, тыхулæфт кодта. Тæнæг сырх фындзы хъæ- лæй хиды æртæхтæ тылди, æмæ-иу урсхæц- 20
Цæ сæгхуЫз рйхиты смиДæг сты. Цъæх Ц&- стытыл æдых фæлм бадти. Бæрæг уыд, знæт стуримæ тухæнæй кæй ныффæллади. — Кæй лæппу дæ? — афарста мæ бæлц- цон æрæджиау, йæ уæхсчытыл хæрдмæ схæцыд, рæмбыныкъæдзтыл рабадти, >са- быргай мæм бахудти. Уыцы бахудтмæ фæ- уæндон дæн. Æввахсдæр æм балæууыдтæн; Загътон ын мæ фыды ном. Дыккаг аз хæс- ты ис. Ногбонæй нырмæ дзы писмо нал исæм. Лæгзæхмæ ныккаст, цæстытæ æрф- гуыты бын аныгъуылдысты. Сæр уæззау банкъуыста æмæ æрбанкъард. Æрхæндæг улæфт ныккодта. Стæй Темырырдæм йе ’ргом раздæхта. Дзæвгар- æм фæкасти, йæ рихиты бынæй цалдæр хатты гуым-гуым райхъуысти. Чи зоны, мæн бафæрсынмæ хъавыд, уый чи у, зæгъгæ, фæлæ мæхæдæг фæраздæр дæн: — Уый ме ’фсымæр Темыр у, Мæйы раз- мæ хæстæй æрыздæхти. Рахиз цонг рæм- быныкъæдзæй æддæмæ минæйы фарк фæ- хаста. Галиу къахæй фæкъуылых. Авд нæ- мыджы дзы ахызти. Иу изæр сæ нæ сыхæг- ты зæронд лæгæн æвдыста. Æз дæр сæ федтон — сырх хъæдгæмттæ, арф ностæ. Лæг ницы дзуры. Арф ныуулæфы. Иæ фæллад цæстытæ нал исы Темырæй. Темыр къæпийыл галиу къухæй хæцы. Иæ хъæд ын рахиз дæлармы батъыста. Иу цонгæй риуыгъы. Фæлвары рувыныл. Зæхх æвдæр- зы. Æфсæддон бур хæдон æмæ хæлаф йæ уæлæ. Кæмдæр хурæй, къæвдайæ акъоппы- ты ныллæзæрдысты. Рахиз дыс—афтид. Куы рариуыгъы, уæд йæ хæдоны тæрттыл орденты, майданты дзыгъал-мыгъул ссæуы. 21
Фараст ын сты. Банымадтон сæ. Æрмæст цы хуинынц, уый нæ зонып. Размæ акъахдзæфы сæр æй куы бахъæ- уы, уæд чиуы, иуырдæм фæцух-мух вæййы. Сыджытыл йæ тъæпп куы фæцæуа, уымæй йын фæтæрсын. Лæугæйæ архайын ын зын - у. Абондæргъы цал æмæ цал хатты æрлæу- уыд йæ зоныгыл. Ныр дæр та æрзоныгыл кодта. Иу цонгæй рувы. Фазыл бырæгау. Æлыгæй сахуырсти. Æрулæфы, уæраджы чъиритыл æрбады. Ныджджих вæййы. Сæр- фы йæ хид. Иæ цæфтæ æрысгары. Стуры хицау хъæрзгæ, нæтгæ сыстад. Те- мыры цурмæ сабыргай йæхи байста. — Лæппу, цавæр тамако дæм ис? — фæр- сы йæ, йæхæдæг йе ’нгуылдзтæ йæ дзыппьь ты ауагъта. — Нал мæм и>с... Æрдæбон ма махоркæ-' йы муртæ æрцагътон. Цалдæр пъæртваг,— дзуапп радта ме ’фсымæр. — Хæц, уæдæ, мæ тамакойæ стух. Зам- манайы къæцæлтæ скарстон,— æмæ Темы- ры къухты бапъирозы фæздæг скалди. ЛЗæлццон къæпи систа. Йæ коммæ йын æркасти. Уырзтæ йыл ауагъта — цыргъ у æви къуымых. Картофы рæнхъы кæрон æр- лæууыд. Цинел феппæрста. Армытъæпæнтæ æхсон дуртау кæрæдзийыл асхъаудта. Гъæйда-гъа, къабæзтæ фæйнæрдæм фæхас- та. Дзæхст-дзæхст ралæууыд. Рувы. Хæм- пæлгæрдæг бындзарæй дзæнгæл ласы. Сы- джыт фæйлауы. Картофы цъæх сыфтæ сæ зæнгтыл иунæгæй аззайынц, цыма уаца- рæй р’аирвæзынц, уыйау уддзæфæн сæ сæр- тæй акувынц. Æхсызгонæй су’лæфынц: Бæлццоыы къухты цыма кусæнгарз нæй, 22
схæцын ыл хъæуы, анцайын, фæлæ йе ’рмтты бæхмæ æвзидæн къæцæл ис æмæ уымæй хъазы. Æнцонæй змæлы. Афтæмæй ма чысыл раздæр дæр фæллад уыди. Ныр æм бакæс! Куыстыл йæхи хъары. Æрдæбон Темырæн къæбæр куы æрбахастон, хæры- ныл куы афæстиат, уæд ын æз дæр фех- хуысмæ хъавыдтæн. Къæпимæ бæргæ фæ- лæбурдтон. Архайдтон — губаччы алыварс- иу тъæпп-тъæпп ралæууыдтæн, фæлæ, марадз, зæгъ, коммæ нæ касти, зæххы нæ ныхсти. — Марадз-ма, уазæгæн суар æрбадав,— дзуры мæм ме ’фсымæр. Цъиудзых хъулон дурын кæрдæджы бынæй фелвæстон æмæ уайгæ!, Уартæ кæм и суар! Хъæды бын, къæдзæхты раз. Уыцы уазалæй дурты æх- сæнты тæлфы, згъоры. Иæ фæндаг дардмæ зыны — бур-бурид нарæг уаддзаг цъæх- цъæхид фæзы. Цæуын. Иу ран къардиу... Дуры бынæй æвиппайды хъулон цъиу — пæррæст. Фездæхтæн... Кæсын, дуры бын ахстон. Хосы муртæ, бумбулитæй арæзт чысыл къусчъы — фондз дзыгъуыр айчы. Æтт, дæу æрцахс! Нæхимæ къалатийы лæппынтæ рауадзид. • Фалдæр аууоны æр- æмбæхстæн. Маргъ фæстæмæ йæ цæрæны фæмидæг и. Бырын æм мæ гуыбыныцъæрт- тыл, цыппæртыл æнæсыбыртт, æнæуынæ- рæй... Мæ улæфт мæ риуы æрцæйнымæг кæны. Баввахс дæн. Сæрæй худ фелвæс- тон... Ахстоныл æй амбæрзон, зæгъгæ, куыддæр мæ цонг фæхъил кодтон, афтæ хъулон цъиу — зыввытт æмæ афардæг. Цæй мæсты æрбадæн, цæ! — Кæм фесæфтæ! Цæмæ дæ арвыстон!--* 23
хъæр мæм кæны ме ’фсымæр. 0, хæдæгай, цæй рох мæ фæци. Атындзыдтон. Бахæццæ дæн суары цурмæ. Донгарз æм бадардтон. Байдзаг и. Дурыны нарæг хъуы- ры хъолойы сыфтæ ныинадтон. — Хъочах лæппу! Æрнуазæм дзы! — куыддæр хуымы кæронмæ баввахс дæн, аф- тæ мæ размæ æрбауад уазæг. Донгарзы хæл-хæл ссыд. Æхсызгонæй су- лæфыд. Мæ бецыккыл мын йæ сæгхуыз æн- гуылдзтæ æруагъта, бахудти мæм. Æмæ та къæпимæ фæлæбурдта. — Æгъгъæд! Стыр бузныг! Уанцон нæу. Дард ранмæ дæ цæуын хъæуы. Мæхæдæг истытæ архайдзынæн,— йæ разы фæцæхгæр Темыр.' Лæг нæ фæтасыд. Цалдæр рæнхъы ма йын дзы аззад. Аздæхти сыл ногæй. Рувы. Хæмпус мæр фæйлауы. Тындзы. Йæхими- дæг базары. Рацыд ма ноджы сахат, чи зо- иы, дыккаг. Фæстаг цæф ма йæ тых-йæ бо- нæй ныккодта. Æллах! Къæпийы цыргъ ком æрбаирвæзти йæ фадхъулыл. Ме ’фсымæр фергъуыйау, фæтыхсти. йæ цурмæ бауад. — Дæ къах ахауын кодтай! Оу, фæлтау мæ ницы хъуыд! — афæлурс, аджих и. Лæг ныххудти. Къæпийы цæгатæй фад- хъул ногæй бахоста.^ Къупп-къупп... Диссæг- тæ! Урс цъындайы мидæгæй — хъæдын къах... Батинкæйы тъыст... — Æнхъæлыс, дæу йедтæмæ хæст ничи федта!—æмæ Темыры йе уæхскæй бауыгъта. Темыр фæкъæмдзæстыг, фырæфсæрмæй йæ цæсгомы фæздæг акалд, цавæр дзырд- тесй йын дзуапп радтаид, уый нал зыдта. 24
ГОГА 1 ^æракæй астæрд дуа- ры рахæцæныл йæхирдæм рацæйæнцайы, æмæ та йæ фæуадзы. Фæстæмæ йæ къах- дзæфтæ нымайгæ хъавгæ ралæууы. Зын æм касти æнæзонгæ къæсæртыл бахизын. Цы цæстæй йæм ракæсдзысты мидæгæй? Кæд хицау истæуыл мæсты у. Чи зоны, ацы^ са- хат йæхи дæр нæ уарзы. Цы уа, уый^уæд! Йæ улæфт риуы куыддæр фæмынæг. Дуары къæдз æфсæйпагыл æнгуылдзтæ андæгъды- сты. Фегом. — Бар уæм ис? — йæ сæр бадардта Мырза. — Мидæмæ! Мырза цыма пъолæн ныттонынæй тарс- ти — сындæггай - бараст. Æфсæрмдзастæй агъуысты астæу слæууыд. Кæсы... Стъолы фарсмæ бады райфæлхасцæдисы хицау Го- га. Фæтæи уæхсчытæ, ставд бæрзæй урс кителы нал цæуынц. Хъуынджын риу — размæ къуыпп. 25
— Хъусын дæм,—схуыфыди Гога. Мырза, иу-фондз æмæ ссæдзаздзыд бæр- зонд бурдзалыг лæппу, костюмы дзыпмæ нывнæлдта... — Мæ диплом, базарад’он техникум фæ- дæн, куыстагур...— загъта къæмдзæстыг- хуызæй æмæ йæ хицауы раз æрæвæрдта. Гога хъæбæрцъар диплом систа, рафæл- дæхта йæ. Цыма йæм смудгæ кодта — йæ былтæм æй хæстæг бахаста. Стæй йæ йæ хицауы раз æрæвæрдта. — Мæхи адæмы цы фæкæнон, уымæн дæр ницы зонын. Ницы куыст нæм и. — Куыд нæ, ис уæм! — Фæдисхуыз и Мырза. — Ау, уæд æй нæ зонин, куырм ба- дæн? — фæцырд и Гога. — Дисиджыны дукани... Иæ хицау-чызг Лениградмæ чындзы куы афардæг. Æхгæ- дæй лæууы. Уырдæм мæ... Кæд амал ис, уæд,— схæц-æрхæцгæнгæ дзырдта лæппу, зына-нæзына мидбылты бахудти, фæлæ уайтагъд Гогайы хъуынтъыз цæсгомыл^ йæ цæстытæ сæхи скъуырдтой. — Дисиджыны ис лæг... Райсом райдай- дзæни. Нæй нæм бынат! — Уæд та уартæ Хидыхъус, халсаруæй- гæнæн. Йæ хицау къуырийы размæ пенси- йы ацыд,— лæгъстæ кæны Мырза. — Ницы мæм ис! Дæ хъусы дын гукк ныккæнон? — йæ дзых та фæхæлиу Гога- йæн. — Куы дæ бафæндид, уæд... — Хуыцауы тыххæй, ревизор дæ, джи- гулгæнæг? Ахъыримаг у дæ хæдзармæ! — фесхъæл и хицауы бæрзæй. 26
Гогайы гуымиры ныхæстæ аныхъуырын Мырзайы хъару не сси: — Адæймаджы тыхст дæм ма бахъарæд! — Айс дæхи æнæфыдбылызæй! — Цы дын кодтон? — Куыдтæ мæм уæндыс? Цыдæр къæ- бæда куы дæ! Ныртæккæ дыл фынддæс сут- кæйы куы нæ æрхафон! — тилифоны хæ- тæлмæ бадаргъ кодта йæ къух. Мырза, афæлурс. Фæстæмæ-фæстæмæ айста йæхи. Дуар фæзыхъхъыр æмæ цæсты- фæныкъуылдмæ уынджы балæууыд. — Нæ, нæ, ма фæтæрс! Ам дзы æндæр лæппу ис! Тилифоны хæтæл фæстæмæ йæ бынаты æрæвæрдта Гога æмæ кæл-кæлæй худгæ ба- пъирозыл зынг бафтыдта. 2 Агъуысты раз тæвд асфальт’ыл æрлæууыд бурахуырст автобус. Йæ сыф-сыф ссыд. Дуар фегом. Уынæр, хъæлæба сарæх. Гога- йы цæстытæ рудзынджырдæм фемдзаст сты. Уый чи у? Ауыдтой йæ æмæ сæ рухсы цъыртт нал аззад. Атартæ сты. Буар хид фестад. Сындæггай йæ къухмæрзæн сласта. Кæд йæ цæстытыл исты ауад? Асæрфта сæ, аууæрста, сыстад. Рудзынгмæ хæрзæнгом балæууыд. Гиссо æмæ æрдæбо- ны лæппу, Мырза. Мырза... Бахъуыды йæ кодта. Йæ дипломы фыст уыд. Гиссо, бæр- зонд къæсхуыр лæг. Йæ уæлæ цыбырдыс урс хæдон. Дæларм — сырхцъар папкæ. Секретарь-машинисткæ, къуырддзыкку чызг Марфæ, бадти æддаг хатæны. Гога 27
йæ цурмæ рахызт. Марфæ йæ къупп-къуп- пæй фенцад. Лæг йæ разы слæууыд. Æл* дыгъы удæст æрчъиагау ныммæцъæл. Цæс- тытæ уынгмæ ныдздзагъыр сты. — Гога Тъураевич, цыдæр тыхст дæ? — скасти йæм чызг. — Акæс-ма, дæлæ Гиссойы фарсмæ уый чи у? Никуы йæ федтай? — ацамыдта йын автобусы цурмæ. — Йе сиахс, Гæлиты Мырза. — Йе сиахс?! — Йæ чызг... иу мæйы размæ уыди сæ чындзæхсæв. Мæ хойы хъæуккаг у... Гога ауыдта: Гиссо Мырзайы риумæ бав- нæлдта. Ныууыгъта йæ, худти йæм. Сиахс ныфсæрмы. Цыдæртæ йын сабыргай дзырд- та. Кайыс йæ къух тызмæг батылдта, æртхъи- рæны хуызæн. Кæд, миййаг, Гогамæ? Гис- со Алардыйæ хъауджыдæр нæу... Æдзух ын табу хъæуы. Уый фыдæх, уый азар! Хуыцау, де уазæг! Гога бандоныл æрбадт, æрхауæгау кодта. — Дæ чемыл нæ дæ? — фестад Марфæ. — Мæ зæрдæ ныддур, ферхæцы, иу- фондз æртахы мæ валидол куы уаид, зæр- дæйы хос,— йæ риуыл ныххæцыд хицау. Дæллаг уынджы—афтиаг. Чызг ацагайд- та. Туфлиты къупп-къупп, дуары хъинц ма ацахстой лæджы хъустæ. Цалдæр минуты... Фæстæмæ фездæхт. Йæ армы чысыл цъæх авг. Агуывзæ, дон. Цал æртахы вæййы? Авгæй агуывзæмæ тадзы... нымайы. Хицау хос ацызта. Былтæ, цæстытæ, цæсгом ныг- гæлиртæ сты. Дзых кæфы дзыхау фæхæлиу. Тыхулæфт. Æнтæф боны хуымон галау тæнтæ аппар-аппар кæны. Чысыл фæстæ- 28
дæр æрнывыл и. Рабадти. Уынгмæ рацыд. Уынг боныгон хъæды тæрфытæм йæхи куыд æппары, афтæ Гога дæр- бæлæсты, къутæр- ты аууæтты æмбæхсгæ-хъуызгæ цæуы. Æр- лæууы. Ахъахъхъæны. Цы фесты Гиссо, Мырза? Уæртæ, гъе, Мырза. Кæрз бæласы бын лæууы. Тамако дымы. Стæй чысыл уæлдæр, «Ресторан» фыст кæм уыд, уыцы агъуысты фæмндæг. Гиссо цы фæуыдаид? Иумæ цæуылиæ бацыдысты аходæн хæрын- мæ? Цæмæ та фæзынд? Бæстæ булкъау къахынмæ? Кæд æй йе сиахс Гогайыл ба- цардыдта. Цы æнахъинон æвзаг æм суагъ- та. Суанг ыл милицæмæ... Айразмæ дæр ма Гиссойы фыдазарæй тыххæй-фыдæй аирвæзти. Ревизор у... Министры æрвыст, æууæнк- джын адæймæгтæй. Районы дуканиты азыл- ди. Æнæрай фæуæнт, Дурмийы халсарты ларечы кæд баййæфта сæны боцкъа. Дыу- уæ фиййауы фыррасыгæй сæхи’нал æм- бæрстой æмæ тæрхæджы бын ныффынæй сты. Сæ фосмæ та сын бирæгъ фæлæбурд- та... Хъæдрæбыны дуканигæс Грознамæ кар- тоф уæймæ аласта. Авд боны кæм уыд — Гога йын ницы базыдта. Хъæдгæсты дука- нийы хицау Грамайæн йæ фыды стур фæ- хæдмæл, уый йæ сфыхта æмæ йæ фыццаг сорты дзидзайы æфсон дывæр аргъыл ас- къæрдта. Æмæ ма уыдæттæ дæр о, фæлæ къуырийы размæ Гога йæ куыстмæ куы нæ æобазынид. Æрхыбылы дуканимæ бауад. Æрдхорд-дуканигæс. Къæбицмæ йæ бадав- та. Сæумæрайсом ын фынг авæрдта. Арахъхъ, къалбас тебæйы цъыс-цъысгæнгæ. 29
Дыууæ лæджы... Иу авг иннæйы фæдыл раафтид. Уайтагъд уæрджытæ къуыдыртæ фестадысты. Гога калд-кæлæддзагау пы- рындзы голлагыл бахъил. Сæр æрзæбул. Уа раджы Гиссойы цы хæйрæджы хай ра- уагъта! Искуы рувæсты лæгæты æхсæвиуат кодта? Агъуысты скуыси. Фæстаг дуарыл къæбицмæ цæмæ бакасти! — Сæудзавд куы фæдæ, хорз лæг! — ба- схуыста йæ. Гогайы гуым-гуым ссыд. Йæ фазыл.ра- бадта. Пикри худт бакодта. Авгмæ, агуыв- зæмæ æрæвнæлдта. — Ды дæр дзы иу æрхырх. Нæхи цæрæн- бон... Кæддæр иу партæйыл куы бадты- стæм,— хатыныл æм схæцыд. Гиссо йæ арм ауыгъта æмæ федде. 3 Гога рестораны къæсæрæй бахызти. Стъолты æхсæнты... Куы иу бандон фæца- гайы, куы иннæ. Кæм æрæнцайа, уый агу- ры. Стæй йыл цыма стыр циндзннады ха- бар сæмбæлди... — Ды дæр ам куы дæ! — сдзырдта’ хи- хигæнгæ æмæ Мырзайы уæхскыл йæ армы- тъæпæн æрсæрфта. Лæппу нæлгоймаджы ауыдта, фестъæл- фыд. Йæ уидыг хъæрмхуыппы тæбæгъы авæрдта. Кæд æм милиционеримæ фæзынд? Æрдæбон æм хуымæтæджы нæ бавзыста фынддæс боны ахæстоны фæбадынæй. Фе- стади. — Сбад, сбад! Мæстæй мæ хъуырмæ уыдтæн, мæ пырх дыл ныккалдтон. Цæй, 30
дæ зæрдæмæ йæ ма бахæсс! Рауайы æнæ- рхъуыды митæ! — худæгæй бакъæцæл лæг. Мырза акæстытæ кодта. Ницы тас у. Фæстæмæ йæхи æруагъта. Къæбæр, уидыг- мæ ногæй æрæвнæлдта. Рестораны хицау йæ уоны касти, куыд тагъд æй ауыдта? Йæ уæлхъус февзæрди халаты мидæг. — Гога Тъураевич, ам цæмæн æрбадтæ? Мидæгæй дæ бынат нæ зоныс? — ацамыд- та йын къухæй. — Мæнæ мын æмбал ис,— бакасти Мыр- замæ. — Уазæджы дæр рахон,— ныйиттæг и халатджын. — Ныууадз-ма дæ хъæрмхуыпп. Цом уæртæ къæбицмæ! Нæ фынг фæуæзгæдæр кæнæм,— фæхæцыд лæппуйы дысыл Гога. — Нæ мæ ’вдæлы. Горæтмæ цæуын. Ныр- тæккæ ме ’мбал куы фæзына, уæд мæ кæм агурдзæни? — æмæ йæ цæстытæ фæсырх, фæхъулон сты. Нæ фезмæлыд. Йæ къус тагъддæр куы фæуид. — Уæд та ардæм] — Гога йæ сæрæй аца- мыдта йæ хæлармæ. Уый командæ радта. Фæдис! Фынгыл февзæрдысты физонджы- тæ, карчы фыд, джитъри æмæ пъамидорæй салат, коньяк, уазал суар. Тæбæгътæ, вил- кæтæ, агуывзæтæ æрттывтытæ калынц. — Уæллæгъи, мæ тæккæ мæстджынæй мæ баййæфтай, æнæрай фод. Иу хæлиу>- дзых хæдивæг мын и — нал дзы фæразын. Уый фæци. Ныртæккæ фынгæй куы сыс- тæм, уæд — мемæ. Дисиджыны дукани дæу фæуæд тæккæ райсом! — æмæ кæстæриуæг райдыдта. Хæрд, нозтæй хаты Мырзамæ. 31
Дйсиджыиы дукани... Йæ хицау чындзы: афардæг. Æрæджы Гогамæ иу сылгоймаг æрбацыд куыстагур. Декоративон бæласыл Ног азы дидитæ куы æрцауындзай, уыйау тæмæнтæ калдта. Гога йын йæ урс къух йæ’ армытъæпæны нылхъывта, нал æй уагъ- та. Ныхæгау дæр... мæлæты хæмпус, уæз- бын уыд. Ус кæл-кæл фестад. Асырх и. Хъæддых къухæлхъывдæй дзуапп лæвæрд- та. Цы фæци, нал æрбазынд. Заммапайы маргъ! Бынат ын ауæрста. Ныр æй уыдæт- тæ нал æндавынц. — Хидыхъусы халсæртты дуканийæ дæр дæ бар ис! Цæй, фæйнæ уал аназæм! — æмæ агуывзæты зæланг фæцыд. Гога йæ бындзарæй акъахта. Мырза дзы й,æ был атылдта æмæ йæ фæстæмæ æрæвæрд- та. Хидыхъусы... æртæ боиы размæ уым уыд, йæхи машинæйыл. Ие ’рвадæлты лæг æц сæ хæдзармæ бахуыдта. Æркой йын кодта. Уæйгæнæджы бынаты йæ куы фæсадзид. Уæдæ ма хион сæрнизæн хъæуы? Хъазгæ- мхасæнты йын здыхтсыкъа фыр йæ маши- нæйы багажничы- басхуыста. «Дæ бинон- тæн иу кусарт. Цас диссаг у? Æфсымæртæ не стæм?» Абон-райсом æм уыцы æрвад тилифонæй æрбадзырдта: «Фæцæуын». Цы цæсгом æм равдисдзынæн, Мырза уырдæм куы фæраст уа, уæд? Зындоны къæсæрыл рабар-баба- рæй нал у. Гиссойы фыдæх куы фæкъæртт — Ацы хæринæгтыл æрвæсгæ нæ кæныс? Сау дзулы къæбæримæ цы схъуырдухæн дæ? — æмæ .Гога нуазы, хæры. Мырза нуа- 32
зæн йæ былтæм схæссы, фæстæмæ йæ йе- дзагæп æрæвæры. — Ахæр-ма, аназ! Мæ нуазæн дын! — баййардта йæ Гога. ^— Бузныг, нуазгæ нæ кæнын, хæргæ та... — Иунæг уæддæр,— агуывзæ йæм ба- дардта. — Нæ. нуазын,— хъæбæр лæууыд Мырза. — Райс, цæй... — Цы хабар у? — сæ уæлхъус алæууыд Гиссо. Гога Гиссойы тызмæг æрфгуытыл йæхи скъуырдта. — Цы хабар у? Сбад æмæ дын æй ра- дзурон,— мæстæйдзагæй бакасти Мырза Гогамæ. Æмæ~ дзуры... Гогайæн йæ цæсгом фæ- лурсæй-фæлурсдæр кæны... — Аллах! Сыджыт дæ бахæрæд, цы зæр- дæ дæ! Срæхуыста та мæ. Ныр дыккаг аз. Мæ хос стъолыл ферох и... иу-дыууæ æрта- хы! — æмæ йæ зæрдæйыл ныххæцыди. Гис- сомæ ма тæригъæддаджы каст бакæны. Кæд, миййаг, исты хуызы йæ хорзæх рат- тид! Фæлæ нæй, Гиссойы цæсгомыл уыд æрмæстдæр Гиссойы фыдæх. 3 Æууæнк
ЗÆД «едзаг агуывзæты къуырцц фæцыд. Саукуыдз йæ къуыбыр бур рихитæ адаудта. Нуазæн бæрзонд сис- та, æмæ цыма йæ уд хуыцауыл фæдзæхста, уыйау йæ хъамбул цъæх цæстытæй арвы- рдæм скасти. — Цæй, нæ базонæн сахат сызгъæрин фестæд! — Фарн дæ дзыхы! — йæ фæлмæн, сабыр цæстытæй Саукуыдзмæ бахудти сылгоймаг, стæй сæ уайтагъд амбæхста. Нæлгоймаг нуазæн асур кодта. Райæ дæр, Чырыстийы аргъуаны кувинагæй ахо- дæгау, нуазæны йе ’взаджы кæрон атылдта æмæ йæ фæстæмæ сæ астæу, хæринæгтæ цы газетыл æвæрд уыдысты, уым æрæвæрд- та, æрдæгæхсыд карчы сгуыйы фарсмæ. т— Бындзарæй нуазгæйæ у! Дæ зæрдæ- мæ нæ цæуы уырыссаг арахъхъ? Уæд та мæнæ шампайнаг! — хаты йæм Саукуыдз. — Æрдæбон дзы куы анызтон. Æгъгъæд 34
уал мын у. Фæлтау уал мæ нуазæн айсв Цæй, исын дæр æй цæмæн хъæуы, мæхи къухæй,— æмæ нуазæн лæджы дзыхыл сдардта. Саукуыдз, офф-офф, зæгъгæ, мыд- асдæрæгау æхсызгонæй сулæфыд, фырбу- цæй цæсгом барухс и. — Ацы къухтæй марг райсыныл дæр ра- зы дази,— æмæ сылгоймаджы хæмпус уæ- лармæн аба кодта. Стæй йæ цонг Райæйы фæтæн фæсонтыл æрбатыхта. — Уæд та нæм исчи кæсы! Фæлæуу!— Райæ йæхи атыдта, фестад, йæ цыбыр сау сæрыхилтæ сæрвасæнæй зулаив адаудта. Цъæхснаг хъæлæсæй кæл-кæлгæнгæ нæууыл æрбадти. — Сырддонцъиуау куы ныппæррæст лас- тай? — нæлгоймаг ын йе ’нгуылдзтæй йæ рустæ æрсæрфта. — Сабыр... Куыд дæ фæнда, афтæ уы- дзæн. Акув уал,--- хаты сылгоймаг æмæ та сæ агуывзæтæ айдзаг сты. Саукуыдз Райæйы цæрæнбоны тыххæй расндти гаджидау. Æрхырхта йæ. Скувы ногæй æмæ та йæ аназы. Сылгоймаг дæр йæ пуазæнæй иу хуыпп... иннæ хуыпп. Ни- куыдæм тындзы. Нымдхуызæй хъавгæ ба- вналы куы карчы фых бæрзæймæ, куы та базырмæ. «Бынты-быны æнæуæндон адæй- маг!» Дзидзайæ стоны, ахсыны дзы, стæй йæ æрæвæры. Саукуыдзмæ бакæсы. Баху- ды йæм. Фырæфсæрмæй цæстытæ ацъынд кæны, сæр бынмæ æруадзы. — Мæнмæ ма хат, фæлæ дæхæдæг ануаз. Сылгоймагæн уыдæттæ йæ хъару куы уаид, уæд...— æмæ авджы хъæл-хъæл ссæуы, лæ- 35
джы армы агуывзæ мидбылхудтимæ февзæ- ры. Саукуыдз... Къæхтыл — зынаргъ рог цы- рыхъхъытæ. Итувæрд æфсæддон бур гали- фе хæлаф. Сау бостон пинджак, нейлон урс хæдоны æфцæггот сырх галстукæй — æнгом баст. Сæрыл цъæхбын бухайраг худ, йæ хъуыи хурмæ тыбар-тыбур кæпы. Мыдхуыз бецыкк — размæ фаст. Ныхыл, бур æрф- гуытыл æрзæбул. Цырддзаст хъамбул цъæх цæстытæ. Сæ бынаты иуран нæ. лæууынц: ракæс-бакæсыл сты. Бæзджын мыдхуыз ри- хитæ. Егъаугомау сырх фындз.,Куы баху- ды, былтæ кæрæдзийæ куы фæхицæн вæй- йынц, уæд аивæвæрд дæндæгты æхсæнæй ферттивынц цалдæр сызгъæрии дæндаджы. Галиу цонгыл — дæргъæлвæс сызгъæрин сахат. Йæ дæс æпгуылдзæй цыппарыл — фæтæн сызгъæрин къухдарæнтæ. — Æптæф дын нæу, дæ галстук уал рай- хал, пинджак ралас. Сусæны мæй у, тæри- гъæд дæ!—æмæ йып сылгоймаг февиæлдта йæ хъуырмæ, йæ дыстыл ын рахæцыд, сис- та худ. Лæджы фарсмæ сæ æрæвæрдта. Сæрдыгон æнтæф хур Саукуыдз æмæ Ра- йæйæн сæ сæртæ кæрдо бæласы бын фæцæ- вын кодта. Саукуыдз хъулон зæлдаг къух- мæрзæн систа, цæсгомы хиды æртæхтæ дзы асæрфта. Афтид агуывзæ йæ разы æрæ- вæрдта æмæ фæйнæрдæм кæсыиыл фæци. Цалдæр къахдзæфы æддæдæр — зад уы- гæрдæн. Зæххыл цы урс, цы сырх, цы æрв- хуыз дидинджытæ æрзади, уыдон цыма пог чындзытау сæ чындздзон уæздан дарæсы ацы фæзмæ чыпдзы æрцыдысты. Цы нæ хуьтзон дидинæг акувы йæ сæрæй сатæг ирдгæйæн, 36
хуры зæлдаг тынтæн, мыдыбындзытæн. Фалдæр — æнæкæрон мæнæуы хуым. Фæ- бур, фæкæрдинаг. Æнæбарц, æнæкъæдзил дымгæ дзы куы уæлæрдæм аленк кæны, куы дæлæрдæм асенк ласы. Цы кæрдо бæ- ласы бын бадынц, уырдæм дæрддзæф лæу- уынц тæгæртæ, схъæлзæнг бæрзытæ, дон- хæрисы, дурвæткъуыйы къутæртæ. Чи дзы арвмæ ауагъта къабæзтæ, чи та зæхМæ æр- гуыбыр. Дæлдæр нарæггомау къардиу, йæ астæу донвæд, змисы къаннæг обæуттæ. Чысыл дон дзы хæл-хæлгæнгæ дард кæ- дæмдæр згъоры. Къардиуы бакомкоммæ, атагъайы, цъæх-цъæхид хъæды фæлм. Су- сæны мæй арт уадзы. — Куы ныджджих дæ, ануаз æмæ дæм цæрын æрцæуа! Нæлгоймаг джигитхуызæй фпдауы!— æмæ та афтид армы йедзаг нуа- зæн февзæрд. 2, Сырх туманты гуыппары ног тумантæ уæзбынгомау æрæвæры Саукуыдз. Стæй сæ йæ риуы дзыппы ацæвы. Миднымæр ба- худы. Фæллад дæр ницæмæуал æрдары. Тырсыйæ горæтмæ дысон æхсæвдзу ракод- та. Ссæдз фысы машинæйы баппæрста. Дæс — йæхи, дæс — йæ фыдыфсымæры. Базары бон. Базарамонд æй фæци. Уæл- вæидаг, акаци бæласы бын, йæ фосы къорд кæрæдзпмæ сæхи нылхъывтой. Саукуыдз сæ уæлхъус лæууы. Армы—цъæхснаг æхсæр- уис. Базарыл цæстæнгас ахæссы. Баиу сты адæмы гуым-гуым, фысты уасын, хуыты хъыллист, галты, хъуццыты знæт футтытæ, 37
бæхтьГ мыр-мыр, машинæты дыв-дыв. Адæм къордгай иу ран, иннæ ран... Саукуыдзы фарсмæ куы иу æлхæнæг дæр нал аззайы, куы та сæ йæ хъуырмæ свæййы. Тæлтæг лæппу-лæг, чи йын кæцы фысмæ ацамоны, уый йын рацахсы. Фыр, далыс, куист... Сæрддæргъы хæххон сæрвæтты хызтысты. Цы фау æрхæссæн сæм ис? Æмæ та куыд- дæр сырх туманты гуыппарыл сырх туман- тæ авæрдта, гъа, ныр та сæ фæстæмæ йæ дзыппы нысхойа, афтæ: — Дæ бон хорз уа, ирон лæг\ Саукуыдзы былтыл æрбаныдзæвд духи æмæ пудрæйы тæф, фæзылди. Йæ хæдфарс- мæ лæууы бæрзонд сылгоймаг, - фæтæн син- тыл, сæвджын астæуыл—хæрз цыбыр уын- гæг сæгхуыз юбкæ. Юбкæйы бынæй зынынц дзæнхъайы хуызæн урс-урсид хъæддых зæнгтæ. Урс тæнæг кофтæйы бын хицæн дарынц риутæ. Митхъæпæн дæллагхъуырыл цалдæр рæгъæй зæу-зæу кæнынц сырх фæрд- гуытæ. Сатæгсау ахуырст дзыккутæ сæ рæ- быныл къуырд. Къæбут — æмдзæхгæр даст. Фæтæн ныхыл — милæйсæрст даргъ æрф- гуытæ. Сæ бынмæ — æфсæрмдзаст сабыр цæстытæ. Сæхи рамбæхс-бамбæхс кæнынц. Къухы бур сæрак хызын. Уый уыди Райæ. — Уартæ уыцы хъыбылты хицау дæ зон- гæ нæу? Мæлæты зынаргъ не сты! Зæгъ-ма йын, кæд^мæм дзы иу бафтид. Æлхæнын нæ, зонын,— æмæ Саукуыдзы дысыл йæ ар- мытъæпæн æруагъта, стæй йæм йæ фæл- мæн сырхахуырст былтæй, йæ сойхуыз цæ- стытæй узæлгæ бахудти. Уыцы цæстытæ, уыцы уæзбын бахудт! 38
Саукуыдзы буарыл сæрæй зæвæттæм цины уылæн афардæг. Лæг фæйнæрдæм акасти... Уæйгæнджытæй фылдæр дзы цы ис. Кæмæ йын амыдта, уый нæма базыдта. — Кæмдæр ма дæ федтон, зонгæйы хуы- зæн мæм кæсыс. Кæцон дæ, бахатыр кæн, æгæр къæйныхæй дæм дзурын,— бакасти та йæм къæмдзæстыгхуызæй Райæ. — Тырсыйаг,— дзуапп радта нæлгоймаг. — Тырсы!.. Уыдтæн дзы хуындзау цал- дæр хатты. Уæвгæ-иу æхсæвыгон бацыды- стæм, фæйнæрдæм акæсыны бон дæр мæ дзы нæ фæци. Цыма дæ уым хъазты... кæд нæ рæдийын,— уæзбынгомау дзуры Райæ. — Уыди, уыди! Иу горæтаг чызгмæ дзы кафгæ-кафын мæ къах фæдардтон. Фæцу- дыдта, стæй йе ’мбалы фæстæ амбæхсти... — Кæс-ма йæм! Куы зæгъын, кæм дæ федтон, уæдæ уыцы фыдбылызы гуырд ды уыдтæ?, Мæн фæкæлын кодтай, мæн! — кæл-кæл фестади сылгоймаг, хæрзæнгом æм балæууыд. Саукуыдзы рæмбыныкъæ- дзыл йæ уæззау фæлмæн тæвд риу баны- хæст. Цыма Райæ æгасæй дæр зынг уыд, нуæрст цæхæр. Нæлгоймагмæ æрбандæвта. Бензиныл спичкæ куыд ныппæххæтт ласай. Саукуыдзы зæрдæйыл цъæх арт сирвæзти. Уæдмæ та йыл æлхæнджытæ æрбатыгуыр сты. Радзур-бадзур, суадз-æруадз, аргъ- сæттæн митæ. Æмæ та æхца армыдза^æй дзыппы æрбатар вæййынц, — Хъыбыл дæ цæмæн хъæуы? Уæрыкк балхæн æмæ дын сфыр уа,— комкоммæ йæм бакасти тырсыйаг, йæ уадулты тæпп- тæпп цыди, афтæмæй. — Хъыбыл... иунæгæй цæрын- æмæ йыл 39
маехи ирхæфсин, æнкъард мын вæййы,— йæхи бакъултæ кодта Райæ æмæ та Сау- куыдзы цæстытæм йæ зынг фаттæ ауагъта. Цыппар цæсты .кæрæдзийыл сæхи скъуырдтой. Цыма сæ зынджы стъæлфæн- т& фесхъиудта, чи кæй басудза! Лæджы цæсгытæ разындысты тæлæссондæр, æдых- дæр* Уацары йын бахаудтой. Минутæй-ми- нутмæ Райæйыл сæхи æппæрстой. Агуырд- той йæ. Сæхи атоныны хъару сæм нал уыд. Сылгоймаг сæрак хызынæй фелвæста къа- феттæ, иуы цъар дзы астыгъта. Дзыхы фæ- мидæг. Иннæ бадардта Саукуыдзмæ. * — Мæ хай дын, кæд барвæсдзынæ! — Бузныг, дæхицæн хъæуы æлхæнын,— æмæ къафет йе ’нгуылдзты æхсæн абæгъ- нæг. Тырсыйагыл та æлхæнджытæ æрбахæ- лоф кодтой, фыстæ уæйгонд фесты. Райæ йæ цуры нал и. Цы æрбадæлдзæх? Куыд ницыуал æм сдзырдта? Арвмæ скасти. Си- хорафон дæр у. Риуы дзыппыл йæ арм æр- уагъта. Ис дзы, табу Уастырджийæн! Чы- сыл æддæдæр доны кърант. Йæхи æрæх- садта. Стæй асфальт фæндагмæ рахызти: «Ау, уæдæ цы фæцп? Æвзæр иæ уаид ахæм сылгоймагимæ хи аирхæфсын». Фæстæмæ фæкасти. Дæлæ куы ис, дæлæ! Иæ хæд- фæстæ. Æрлæууыди йæм., — Цы хъыбылмæ хъавыдтæн, уый чидæр алхæдта. Ды дæр мæм дæ хъус не ’рдард- тай,— æмæ Саукуыдзы къухыл фæхæцыд. «Дæг ын йе ’нгуылдзтæ йæ армытъæпæиы уæхскуæзæй æрбалвæста. Райæ дæр ын йæ къухæн зæрдиаг æлхъывдæй дзуапп радта. Фемдзаст æм ис, бахудти. Цæсгом асырх. 40
Уыцы бахудт! Цыма æвдадзы хос уыд. Иæ- хи мидæг сцин кодта цæхæрриу лæппу-лæг. — Цом ресторанмæ, кæд дæ æвдæлы, уæд. Æввахс у, сихорафон у ныр,— фæ- ныфсджындæр нæлгоймаг, йæ цонгыл ын фæхæцыд. — Ахæм бон агъуысты æнтæфы æнуд у. Сойы смаг, адæмы хиды тæф, расыг- хъæ- лæба..: Уырдæм — нæ,— базмæлыдысты йæ ахуырст былтæ. — Уæд та сатæг уæлдæфмæ — горæты фале. Таксийы абадæм. Базарыл ауайæм. Немæ истытæ... Уæдæ куыд вæййы? Цард дыууæ боны у! — æмæ цъæхахуырст «Вол- гæ»-мæ йæ къух фæдардта. Машинæ æрлæууыд. Дуæрттæ байгом, сты. — Нæ кусджытæй мæ исчи куы бафип- пайа! Худинаг у. Сæхи хойы хуызæн кад мын кæнынц. Цæй, уæд та æндæр хатт! — æрбатыхсти сылгоймаг. — Сбад, дунейы æфсарм дæхимæ куы райстай! 3 Райæ сæрак хызыны арм фæцавта. Фел- вæста дзы сау авг, йæ къæрмæг ын сæф- тыдта, лæгмæ бакаст. — Базон-базон, ам цы ис? — æмæ авг Саукуыдзы былтæм бадардта. — Спъиртт! Кæм дын уыд? — Не ’рвадæлты чындз афтиаджы кусы, уый мын æй радта. Дæ цурæй ма йæ кæ- дæм хæссон. Уарзыс ахæм хъæбæрæй? — базыхъхъыр та сты сылгоймаджы уроур- сид дæндæгтæ. 41
— Иу æмæ дзы дыууæ хатты ныххырх- тон! — фесхъæл и Саукуыдзы бæрзæй æмæ йæ фындзыхъæл асæрфта. — Дон æрбадавон. Допимæ хæццæйæ æнцондæр нуазæн у,— æмæ цы «Экстрæ»- йы авг равдæлон и, уый фынгæй систа, хы- зыны йæ атъыста æмæ фалæрдæм араст и. Лæг йæ фæдыл кæсы... Уый сабыр цы- быр къахдзæфтæй нæудзарыл фæуайы. Цы ратас-батасгæнаг фæлмæн уæнгтæ йын ис! Фæстæмæ иу зылд фæкодта. Бахудти. Цæс- гом асырх. Къух батылдта — цыма дунейы æфсарм æмæ æгъдауæн сæ фысымуат йе ’уæнгты уыди. Донхæристы къутæрты ау- уон фæци. Гъеуый зæд у, зæххон зæд! Лæг цины аныгъуылд. Фестад. Цæнгтæ сины сæртыл авæрдта, йæхицæй ныббузныг. Цæст æрны- къуылдта. Рихитæ адаудта. «Ныртæккæ... Йæхирдæм чи ивазы, уыдонæй нæу. Зыд, кæрæфæн ницы æмбары. Къæбæр сисынмæ дæр æфсæрмытæ куы кæны». Иуæй-иутæ дзы куыд къæйных, мæнгард вæййынц. Фарон Калачы кæй федта... О, Калачы! Йæ къæхтæ йæ базармæ бахастой. Хур фæцæйныгуылд, изæр кодта. Иу бур- хил сылгоймагимæ йын ныхас ацайдагъ. Дзырд рауад, æхсæвиуат кæм æркæна, ууыл. Уый сразы, ахсæв ын фысым фæуы- дзæн. Æрмæст æм хæринаг, нуазинаг ницы ис. Æххормагæй цард ницы бæллиццаг у. Саукуыдз бацырын. Æхцайы тыххæй къуырцдзæвæны не ’рлæудзæни! Кæрæдзи- йыл цинтæ, худтытæ. Бынты, уæлæты ра- кæс-бакæс. Усмæ къалати, кæттаг рифтаг. Лæджы дзыппы дуæрттæ байгом сты. Æл- 42
хæньк Ахсæв хъуамæ диссаджы рæстæг ар- вита. ’Цæрæнбонты йæ куыд мыса. Фых го- гыз, арахъхъы, сæны æвгтæ, пъамидортæ, кæрдотæ, урс дзулы гуыдын, зынаргъ къа- феттæ. Фондз туманæй къалати æмæ риф- таг зылд хуытау ныддымстысты. Цæуынц фæрсæй-фæрстæм. Саукуыдз йæ цæст усыл æрхæссы. Къæбут аныхы. Сылгоймаг иу стыр агъуыстмæ бахизæны раз фæлæууыд. — Ам мæм дыууæ минуты банхъæлмæ кæс. Хæринæгтæ хæдзармæ баскъæфон. Æмæ дæм фездæхдзынæн. Аивæй куыд ба- цæуай. Кæнод нæ сыхæгтæ исты бафиппай- дзысты,— адзырдта ус лæджы хъусы, стæй тæхынмæ фæци. Саукуыдз къулрæбын асфальтыл лæугæ- йæ аззад. Æнхъæлмæкасти. Гъа ныр фæ- зындзæн, гъа уæд рауайдзæн. Ссыгъта та- мако. Цæстытæ агъуысты рахизæныл ауыгъдæй баззадысты. Сахат, дыууæ, æр- тæ... Ныммæйдар. Мæстæй судзы. Ныссæх- хæт ласта къæвда. Кæйдæр дæлбазыр ма хуылыдз каркау йæ сæр фæцавта. Уый фыдфын уыди. Йæ хъуыдыйы куы фегуы- ры, уæд асы’рх вæййы, йæ хид акæлы. Ху- динаг! Хорз æмæ йæ зонгæтæй, ничи фед- та... Уæртæ æрбазынди. Цы бæркадхуыз у йæ бакаст. Хæдзарæй ахæм куы нæ рауайа!.. Райæ агуывзæйы спъиртт донимæ æркод- та. — Мæхи уды номæй дын! — фæсагъта нуазæн Саукуыдзы армы. Нуазæн йæ был- тæй калд æмæ йыл уыцы иухæст скодта. — Уф-ф... уф-ф! Гъе уый сæ хъæбатыр- тæй у! — батылдта йæ сæр. 43
— -Дæ зæрдæмæ фæцыд? Уæдæ дзы/фæд- фæдыл! — æмæ та агуывзæ спъирттæй ай- дзаг и, нæлгоймаджьг къухы февзæрдй, быи- дзарæй йæ акъахта, кæл-кæлæй ныххудти. Сылгоймаг Саукуыдзы цæрæнбонæп ку- вы...нуазæиты къуырцц цæуы. Лæг цыдæр дзуры, фæлæ йе ’взаг фæцæф, иыццæнкуыл. Дыгъал-дыгъулæй байдзаг. — Дæ амонд бирæ уæд! — Саукуыдзы сæр уæхсчытыл уæгъд хъеллау райдыдта. Стæй фæлмæн кæрдæгыл æрхаудта. 4 Цыма йæ ихын арцæй фæрæхуыстæуы- ди -— фестъæлфыд, фехъал и йæ карз фы- нæйæ. Дзых сцæйхæлиу, хъуамæ ныззæм- быдтаид, фæлæ бæласы сыфтæртæй уары- ны цъыкк-цъыкк æмæ уазал дымгæ гом буарыл сæхи æрбахафтой. Фæтæррæст лас- та. Æркасти йæхимæ. Афтид цъæх майкæ, цыбыр мидæггаг хæлаф — æпдæр нæ уæлæ ницы. — Райæ, кæм дæ, кæ! — рауади кæрдо: йы бынæй. Æвæццæгæн, хъазгæ кæны. Кæмдæр ам- бæхсти. Кæм сты йæ уæлæдарæс? , — Райæ, хынджылæг ма кæи, цы фæдæ, ихæн мын у,— дзуры йæм, агуры йæ хуы- лыдз къутæрты бынты, донвæды. Рауай-ба- уай, ратæх-батæх... Риуы гуыпп-гуыпп ссыд. Цыдæр тас уæнгты азылди. Сгары сæ бадæп бынат... Агуры. Цы æрбадæлдзæх сты йæ пинджак, хæлаф, цырыхъхъытæ, худ, хæдон, æхцайы тыхтон, сахат? Сæ кой, сæ хъæр нал и. 44
Фæюомкоммæ йе ’нгуылдзтæм. ДудынЦ цъæр\емыхстытæ... сызгъæрин къухдарæн- тæ ащьыввытт ластой! Сæ фынг... Змæнты нæ... Афтид æвгтæ, газеты скъуыдтæ, æх- сыд сд^чытæ, ссæст кæрдæг. Мæнæ./. Йæ цæстытыл не ’ууæнды... Кæд æндæр исты у? Рох дзы фæци! Систа йæ зæххæй. Схъæлфындз цыргъ кард — фин- кæ. Зæрдæ сау æвзалы, сау мигъ фестади. Джнхæй баззад. Цы фæуа? Йæ гом буар ын къæвда хойы. Æрбадти. Ихæн ын у, скъæдзтæ, стымбылтæ ’ис бæласы бын. — Æллæх! Ус-бирæгъ!—фæлæбурдта йæ сæрмæ. Æмæ йæ уазал рустыл хъарм цæс- сыгтæ куыд æргæр-гæр кодтой, уый æрæ- джиау бамбæрста. ®
БЫДЗИЙЫ чындз 1 -Л&рдз йе знæт митыл куы æрфæсмон кæны, тæрккъæвдатæ сæ тъизынæй куы банцайынц, арв йæ цæлхъ- хъытæ куы ныууадзы, хур зæххыл куы ату- лы æмæ хæххон дæттæн сæ ивылд куы æр- бады, уæд Мæсчъыдон дæр æртæнæг, æр- сабыр вæййы. Цæуы дурджып уынгæг комы здыхсгæ, хъуырдухæнгæнгæ. Ахизы уæлвæз- тæм, фосхизæн сæрвæттæм... Стæй уырдыг- аив йæхи ауадзы. Æмæ тъæпæны, Диси- джыны хъæуы астæуты йæ цыд фæуæзбын- дæр вæййы. Хъæу фæстейæ кæм аззайы, уым цалдæр раны куыройы нукты асыф- фытт ласы. Фæлæ ныр... Арвы тæнтæ фæкъæртт сты. Къуырийы дæргъы йæ тыппыртæ калы. Знæт сау мигъты бын Саджил хох ныттар, ныдзæм и. Бынæй ком ныссаудалынг. Аф- тæ зыны, цыма дзы цыдæр æнæуынон фыд- былыз пъæззыйау ныббадти, нымбæхсти æмæ ныртæккæ растдзæни. Æмæ растад... 46
Садл\ил хохы рахиз фæрсты, уæлиау кæ- цæйд^р, цъититы рæбынæй, къаннæг лæн- чытæйГ гæмæх лæбырдтæй, пыхсбынтæй фе- мæхсти хохаг дон. Мæсчъыдон. Ацы ном ыл чи сæвæрдта, кæцы заманы, уый ничи зоны. Къæвда къæртайæ калæгау куы цæхгæр- мæ ныллæууы, куы йæ тæлтæг цыхцырджы- тæ зæхмæ комкоммæ зыввытт ласы. Сæ уы- лæн, сæ цæлхъхъ Мæсчъыдоны фæцæуы. Мæсчъыдон къултыл, къуыбыртыл хил’ы. Стонг бирæгъау алырдæм лæбуры, былгæ- рæтты æхсыны. Лакъон. Пъæра. Ссæнды. Зыд, кæрæф ыл бахæцыд. Йæ бæттæнтæ то- ны. Саджил хохы фæхстæ, фæччитæ æвдæр- зы, ныхъуыры. Зыввытт... Гуымс... Баиу сты. Хъæр, сонт цъæхахст... Сæдæвзагæй знæт, тæссаг арало кæны. Цыма йын йæ къулбадæг митæм Саджил хохы бон кæсын, хъусын нал уыд. Йæ маст йæ риуы нал цыд. Æнхъызти. Æддæмæ ри- уыгъта. Йæ фæрстæ ныддæнгæл сты. Абух- той. Хох йæхи нал бауырæдта. Тæккæ цъуп- пæй фенкъуысыд, фахс фескъуыд. Æм- гуыпп нылласта. Хох нынкъуыст. Кæмтты йæ гыбар-гыбур ныннæрыд. Арвы тызмæг цæлхъхъытимæ баиу. Лæсæн гуымс-гуымс- гæнгæ бынæй хохрæбын балæууыд. Лæ- сыд... лæсыд... Кæрон ын нал уыди. Сы- джыт, дур, нæудзары рæдзæгъдтæ... Мæс- чъыдон цы æрхыл цыд, цы фæндагыл — аныхъуырдта сæ. Донвæд ахгæдта, йæ хъуыры фæбадти. Мæсчъыдон ма йæ фæн- даг агуырдта, лæсæныл цæф’сырдау йæхи цавта. Йæ сæт ыл калдта. Скъуыдтæ кæ- нынмæ йæ хъавыд. Дзæгъæлы. Смал.,, 47
Сцад... Цы фæуа? Йæ мидбыиаты ц^илау ныззылд. Дон стызмæг, смæсты. Йæ уæл- цъар сфынк, йæ сыф-сыфæй нал /æнцад./ Æгæр стыр, æгæр бæрзонд обæутт^ сцæх-" гæр и йæ разы. Сæ бынатæй читт^’нæ фæ- кодтой. Йæ сæр кæм фæцæва? Рахизырдыгæй ныллæг, тъæпæн рап’ь. Йæ ф’ароны зæронд цъæнут ыл уалдзыгон фысы фистау ныхъхъæбæр. Ивылд æрра дон йæ фæлгуыры здыхсы. Тыхдымгæ æмæ йын цæхгæрмæ цъыкъкъ-къæвда феххуыс кодтой. Ныллæг рагъырдæм ыл апцадысты. Фахсыл хæрзæнцонæй схылди,' йæ цъуппæй дзойтæгæнгæ акасти. Стæй, гъайда-гъа, йæ сæрты асæррæтт ласта. Былæй фалæрдæм фæуырдыг и. Æхсæлы æмæ фугæджын къуылдымтыл ассæста. Æмæ Дзæгъæлко- мы батæлфыд. 2 Къæсхуыр, сагартæн’ лæппу-лæг Гæккæз Дисиджыны хъæууынгты тындзы. Йæ ра- зæй — схъæлбæрзæй сырх зыгъар гал. Гæк- кæз иу къухæй фидар хæцы стуры сæрбо- сыл, иннæйы — цъæхснаг æхсæруис. Галмæ дзы куы бав’зиды, уæд уый дæр хус рыгвæн- дæгтыл йæхи рог айсы, сæр батилы. Дæр- зæг æвзагæй йæ былтæ асдæры. Сæрдыгон бон йæ тæккæ тынгыл у. Хур арвы. астæу ныллæууыд. Йæ судзгæ тынтæ зæхмæ æрæндæвтой. Райсомæй асæст уыд. Гæккæз къæвдайы тæссæй бæзджын сау пинджак æмæуæгъдфадыгхæлаф йæ уæлæ акодта. Тыхсы æнтæфы. Йæ дæргъæлвæс фындзы бын — цæхгæрмæ къуырд сæгхуыз 43
рихиАæ. Хиды уымæл фæздæг сыл ныммæ- цъæл\ь Галмæ куы бакæсы, уæд æй зæр- диагæц. бахудыны сæр бахъæуы,. æмæ йæ сызгъæрин дæндæгтæ хурмæ цæхæрау цæ- хæркалг^э ферттивынц. Фистæ^æй ныффæллад, фæлæ уæддæр сæрæн—йæ къахдзæф, рог — йе уæнгты айст. Цæуы. Хъæуы астæуты — донвæд. Доны хуыпп дзы нæй. Бахус, бахуыскъ и, йæ былгæрæтты нæудзарыл къордгæйттæй хъазтæ, бабызтæ хуыссынц. Чи — аууоны, чи та хурмæ дзæгæрæг кæны. Сæ дзыхтæ ныххæлиу сты. Дон... Дон... Гæккæз æрхæц- цæ сæхимæ. Сырх агуыридурæйамад хæ- дзар. Шиферæй æмбæрзт. Мидæмæ кæрт- мæ бахизыныл нæ тындзы. Хъæдын бы- руйы раз æрлæууыд. Фæйнæрдæм акасти. Ау, ничи йæ уыны? А-а, уæртæ Симæ æр- бацæуы. Скъолайæ æрхæццæ. Хæрзхуыз, цардхуыз сылгоймаг. Рустæ, уадултæ — тугæфсæст. Сæрыхилтæ — уæхсчыты онг, къæбут æмбæрзынц. Симæ йæ мойы цур алæууыд, йæ тыхулæфт нæма æрсабыр, аф- тæ йæм йæ сабыр цæстытæй фæлмæн ба- худти. Афарста йæ: -т- Кæм уыдтæ? Уый дын циу? — Базары. — Мæнæн куы ницы загътай! — Дзурын дын <æй хъæуы? Хуыцаубоны мæ фыдæн йæ дыууиссæдзæм бон у. Рух- саг ын зæгъын хъæуы,— æрбанкъард и Гæккæз. Уæдмæ сæ алыварс .сыхæгтæй чидæртæ æрбамбырд и. Галмæ сæ цæстытæ ныццав- той. Хабар сын цы æмбарын хъуыд. Зиан-~ джын хæдзар. Нымад сын сты марды бон- 4 Æууæнк 49
тæ. Хуыцаубоны Быдзийы дыууиссаьдзæм бон. Гæккæзы фыд. Иæ саутæ нæма/систа. — Цасæй йæ балхæдтай? — афапста йæ йæ фыдыфсымæр, зæроид Бихъхъуыр. — Дæс æмæ æртиссæдз туманæш — Хæрзаудæн дыл фæкæнæд дæ фыд Быдзи! Хорз кад, хорз æгъдау йи радтай йæ ныгæнæн бон дæр! — æппæлы Бихъ- хъуыр Гæккæзæй. — Бирæ, бирæ йæ мæлæн бон... Хъуг æмæ æртæ фыры аргæвста. Фынгтæ дзи- дзайы уæзæй тасыдысты,— фæцырд и ин- нæ сыхаг, Æмзор. — Лæппу хъуамæ ахæм уа! Мад, фыды фыдæбон уæлæуыл фидгæйæ у. Ирон адæм- мæ та стырдæр фидтон, стырдæр æгъдау — мардæн йæ рухсаджы бонтæ сты,— ныббуз- ныг и йе ’фсымæры фыртæй Бихъхъуыр. — Раст зæгъыс, Бихъхъуыр, айразмæ уæлæ Дзодзийы зæрдæвæрæны цы æрдхæ- рæны фынгæвæрд уыд! Иæ фырт ын рæ- уæд æмæ дыууæаздзыд уæныг аргæвста. Хъæубæстæн дыууæ боны хæрд нæ фесты,— йæ ныхас баппæрста цыбыр зæронд ус Ба- бала. — Чындз, бирæ рæстæг ’ нал баззад. Нозт, ссад, цыхтытæ, царв... Амал хъæуы. Адæмы раз нæ æфсæрмы ис,— бакасти Бихъхъуыр Симæмæ. Симæ ныхасыл чъынды разынд. Æдзы- нæг кæсы, гал йæ хъуынджын къæдзилæй фæйнæрдæм бындзытæм куыд æвзиды, тæв- ды футт-футтæй куыд улæфы, уымæ. — Аууон ран уал æй æрбæтт, бæззон уæд зианæн! — сдзырдта чидæр æмæ алы- рдæм сæхи айстой. Лæг æмæ ус кæртмæ 50
бахы^гысты. Гал фæсхæдзар бæрз бæласЫ бын йзе фысымуат ссардта. Гæккæз сарайы фæхсбандоныл йæхи æруагъта. Бадти. Дзу- рын æм\ нæ цыд. Симæ йæм йæхи æввахс баласта.\ Къулгæрон слæууыд, йæ моймæ бакæсы. Былтæ кæрæдзийæ фæхицæнмæ хъавынц, базмæлынц. Уадулты тæпп-тæпп ссæуы. Цæсгомыл цыдæр тасы нысæнттæ февзæры. Сцæйдзуры. Æфсæрыкъæдз цы- ма андзыг вæййы. Ферхæцы. Стæй хъæрæй схуыфыд. Фæныфсджын и. — Уæдæ та æнæмæнг хъуамæ хист скæ- нæм, и? Æпдæр’ хос дзы нал и? — ризгæ хъæлæсæй фæрсы сылгоймаг йæ лæджы. — Адæмы фæтк ахæм у. Æз æй не ’ры- мысыдтæн,— йæ сæр батылдта Гæккæз. 3 Саджил хохы лæсæн Дисиджынæн сæ Мæсчъыдон байста.. Адæмæн æртыккаг аз сæ маст æхсиды. Абон æм сæхи нал бау- рæдтой. Сæударæй фæдис! Хъæу* фенкъуы- сыд. Уæлдай сыбыртты сæр пикæмæ ба- хъуыд. Хохрæбын нæры адæймаджы хъæ- лæс. Мыдыбындзытæ мыды фæзгъæрыл куыд æрæмбырд уой, фæйнæрдæм æй куыд скъæфой’, афтæ Диснджыны фæсивæд дæр лæсæны алыварс æртыгуыр сты. Фæйнæ- рдæм æй калынц, зыввытт кæнынц, хæс- сынц. Сæууон уæлдæфы азæлынц æфсæй- наг уæззау ломы домбай гуымсытæ/цыргъ- фындз джиркъаты дзæхст-дзæхст, æфсæй- наг белты цъæхснаг хъыррыст, хъæдын лæггуыфты гыбар-гыбур.' Ацы хæхтæ... Адон сты сæ фысым тъæн- 51
Джы мæйы митхъæпæнтæй, уалдзыгой арф сæлæф зæйтæн, тызмæг уады къуыс^къуы- сæн. Ацы æгомыг хæхты, ацы дуртулæн тигътыл схъомыл вæййынц са/ мигъы гуылфæнтæ, арвы æнæхатыр цæлхъытæ, саха тæрккъæвдатæ, дымгæйы æрра фут- тытæ. Ацы цъæхдзаст райсом йемæ знæт митæ не ’рхаста. Арв афтæ дзыхъхъирд, аф- тæ сыгъдæг, стæй афтæ æнæбын арф у, раст цыма йæ рудзгуытæ дунемæ байтыгъ- та, æмæ сæ йæ царддæттæг зæрин тынтæ зæхмæ æфтауц кæны. Саджил хохы дæргъ- вæтин саргъастæу рагъ цыма хуры райгуы- рæн бæстæ у. Ацы райсом дæр та фыццаг хуры тыитæ ацы хохы сиучытыл райгуыр- дысты. Хъуыддагæн йæ цырв Симæ у. Иу- ран алæууыны, æрбадыны фæнд æм нæй. ’ Дæсæм къласмæ йæ хъус тынгдæр дары, уыдон йæхи сты, къухдариуæггæнæг сын у. Ссæдз лæппуйы æмæ фондз чызджы. Мæ- цъисцонг. Æнæдомд тых. Иутæ къахгæ кæ- нынц, иннæтæ белтæй архайынц. Сыджыт лæггуыфты авгæнынц æмæ йæ уартæ фа- лиаумæ æнтъухынц. Сæ фарсмæ, чысыл уæлдæр, æстæм, фарæстæм кълæсты скъо- ладзаутæ. Къæйтæ, дуртæ лæсæнæй æддæ- мæ тулынц. Ахуыргæнджытæ сæ уæлхъус. Æнæвдæлон, сæ дыстæ — арф счъил. — Дæдæй, нæ мæ уыныс, куырм дæ? — райхъуыст кæйдæр æваст хъæр. Директор Артур æрбазгъордта... — Цы ’рцыди? — Мæнæ лæппутæй иуæн йæ фадхъул ф&цæф. Æнæрхъуыдыйæ йыл йе ’мбалы джиркъайы фындз суад. Хибар ранмæ йæ ракодта. Бæтты йын æй. 52
Симæ сæм бауад. Æркасти йæм. ТуджЫ æртæхтæ ауыдта, афæлурс. Миййаг искæ- уыл исты фыдбылыз куы æрбамбæла. Ази- маг фæуыдзæни. — Гæссаг хабарæй дзы ницы ис,— дзу- ры йæм Артур. Симæ фæсабыр и. Дирек- торы дызæрдыггæнгæ афарста: — Куы ницы рауайа нæ хъуыддагæй? Артур.йæ бур рихиты бын æнцонæй’ ба- худти. Дзуры йын: — Раст æмбисбонмæ ацы лæбырдæн йæ бынæй рухс скæсдзæни. Анцайын дзы хъæ- уы... Зæхх ныхъхъæбæр, ныхсысти. Стæй кæуылты у, кæ| Иу-авд метры йæ бæр- зæнд... Фæлæ æгас хъæуæн... Кæсыс, иуы- рдыгæй йæ скъолайы адæм гæрдынц, ин- нæрдыгæй — колхозонтæ. Ау, не уæнгты магъз ма иæ кæдмæ хъæуы! Симæ лæбырды фаллаг кæронмæ аца- гайдта. Дыууæ бригадæйы. Нæлгоймæгтæ, устытæ. Дурты гыбар-гыбур... Тыххæст чи скæпы, уымæн йæ тыхулæфт райхъуысы. Кæмæн йæ цæсгомæй рахъардта йæ хид, кæмæн йе уæнтæй, йæ дæллагхъуырæй. Кæм сты сæрдар Тембол, парторг Сыбе? Кæд бафæлладысты æмæ искуы бадынц? Нæ, уæртæ астæуæй... Симæ сæ ауыдта... Иуран егъау тымбыл цъæх дур разынди. Къухæй йæ иичи сфæраздзæни. Лæггуыфæй дæр æй ничи ахæсдзæн. Сæрдар æмæ йыл парторг уæззау ломтæй архайынц. Йæ бы- ны йып сæ фæцæвынц. Нæ йæ фæнды йæ бынатæй феггуырсын. Анцадысты йыл къа- хæй, цонгæй, уæрагæй, риуыгуыдырæй. Ра- стади. Ассæста æмæ дæлдæр рæбыны ба- тæлфыд. 53
— Уый ауазæйы æрæвæрынæн хорз уЫ- дзæн, дон нæхирдæм куы здахæм, уæд,— загъта чидæр. — Батулдзыстæм æй... — Симæ, куыд дæм кæсы нæ архайд?- — бахудти йæм Сыбе æмæ йæ сыджытæйдзаг æнгуылдзтæм æркасти. — Ацы бон Дисиджыны командир ды дæ. Æрбадын, æрулæфын дзы макæй бауадз,— бапъирозыл спичкæ ацагъта, афтæмæй йæ фарсмæ алæууыд сæрдар Тембол. — Гæккæз кæм и? Арæзтады бригад? А-а, далæ кæронæй. Ардæм-ма рауай! — Гæккæзы агурыныл стыхст Сыбе, фæдзырд- та йæм, уый æрбазгъордта. — Фæрæттæ рахастат? Хорз. Нæ куыс- тæн йæ астæумагъз куы асæттæм, уæд Мæсчъыдон кæм атыдта, Дзæгъæлкоммæ былæй кæуылты схойы, уартæ йæ уыныс... уым ауазинаг у. Иæ фæндаг ын æрæхгæ- нын хъæуы. Уалæ Фугæджыны фарсмæ. цы æвзагау ис, цъæх хъæды тæлм, уымæ ма акæс. Уым ауазæн æрмæг рацæгъдын хъæ- уы — бæлæстæ, пыхсытæ, хъæды лыггæг- тæ, къуыдыртæ. .Дæ бригадмæ — тæхгæ. Уартæ сæ рæбынмæ æрæппарут. Уырдыгæй сæ не уæхсчытыл æрбайсдзыстæм../ Ма- радз! — бацырд кодта Сыбе Гæккæзы. Симæ цæуылдæр тыхсы. Нæ йæ дзуры. Цы бæрæг и, кæд йæ хъуыддаг ныссуйтæ ис, ныкъкъуылымпы. Хъæуырдæм цы дард къæдз-мæдзы къахвæндаг цæуы, уымæ кæ- сы... нымдзаст æм вæййы. — Æрбазындысты! — райхъуыст кæйдæр хъæр. Далæ къуылдымыл стæссар кодтой цал- 54
дæр бæхджыны. Бæхты æккой егъау уæргъ- тæ. Голджытæ, дзæкъултæ, аг, цуайнаг, сæ разæй Быдзийы хисты сырх гал. — Дæ зæрдæ де ’муд æрцæуæд, схæццæ сты! — бахудти Гæккæз йæ усмæ, æмæ йе ’мбæлттимæ хъæдмæ фæраст и. Мæнæ-хуындзæуттæ. Адæм сæм ныккас- тысты. Цæрдæгдæр, уæнгрогæй февнæлд- той. Бæхтæй уæргътæ æристой. Фæдзырдтой хистæр лæгтæм. Сæ иумæ кард авæрдтой. Сагсур лæппуты къухæй гал фæфæрсыл и. Чысыл фæстæдæр дыууæ уæрæхком аджы бын калцæг сугтæ æмæ фугæйæ арт гуып- пæй сыгъди. 4 Симæ уыцы изæр- колхозы сæрдар Тем- болы кусæн уаты фæмидæг и. Йæ фарсмæ бадти парторг Сыбе. Сæ разы.стъолыл гæх- хæттытæ пырхæвæрдæй. Цыдæр тæрхон сæм уыд, фыстой. Тембол æмæ Сыбе ахъæуккаг сты. Хъæд- дых лæппутæ. Уæззау зонды хицау. Иу рæстæджы фесты каст институт. Сæрдар — агроном, парторг — экономист. Æртыккаг аз кусынц ацы колхозы. Симæ кæддæр сæ ахуыргæнæг уыд. Куыддæр уыцы ракæнон- хуызæй дуарæй бахызти, афтæ сæ дыууæ дæр фестадысты, иухатт-иу къласы куыд кодтой, уыцы æгъдау сæ нæма ферох. — Цы хабар у, мацы фыдбылыз сæмбæ- лæд!—фæкомкоммæ йæм сты йæ кæддæ- ры скъоладзаутæ. — Ныртæккæ! — æмæ тилифоны хæтæл- мæ фæлæбурдта. 55
— Алло! Артур дæ! Æвдæлы дæ? Ницы кусыс? Тагъд-ма мæнæ правленимæ ра- тæх... Темболы кабинетмæ. Дæ сæр мæ ба- хъуыд. Хорз!.. Стæй та чысыл фæстæдæр сæхи хæдзар- мæ. — Алло! Гæккæз дæ! Ныртæккæ мæнæ колхозы правленимæ рауай! Дзурынц дæм. Æмæ сылгоймаг уæззау улæфт ныккод- та. Сæрдар æмæ парторг ныхъхъус сты. Цы æрсырдта ацы усы? Цу сусæг уац æм ис? Бирæ æнхъæлмæ кæсып сæ нæ ба- хъуыд. Æрбахызт Гæккæз, колхозы арæзта- ды бригады хицау. Йæ сау дарæсы мидæг. Йæ хæд фæстæ скъолайы директор Артур, къæбæлдзыгсæр, тымбылдзæсгом лæппу- лæг. Худæндзаст. Салам радтой кæрæдзи- йæн. Ссардтой бадæнтæ. Цы æрцыд? Ца- вæр цъиувæдис у? — Хабарæй мæ фарстат, Тембол! Мæнæ Гæккæз абон горæты базары къæдзæхыйас гал балхæдта. Йæ фыд Быдзийæн хуыцау- боны йæ дыууиссæдзæм бон у. Хъуамæ та дынджыр хист ныззилæм! — райдыдта Си- мæ. — Цæй, уыдæттæ дзурыныл дæ чи до- мы? — фесхъиудта Гæккæз. — Зонæм уæ, иу хъæуы нæ цæрæм, зи- анджын хæдзар стут,— феикъардхуыз и Сыбе. — Чи мæ дзурæг кæны? Рагон митæ, æн-- дæр чи! — фæхъæддых сылгоймаг. — Ирон дзыллæйы .фæтк махыл цæмæн хъуамæ фехæла? Нæхи фидиссаг кæнæм, нæ марды та — æлгъыстаг! — фæдзагъыр сты нæлгоймаджы цæстытæ фырдисæй. 55
— Æмæ уæд хъæуы æмæ комбæсты иу- мæйаг æмбырдты цы зондаби ныхæстæ, цы карз сомытæ фæкæнут бæрзонд трибунæйæ, уыдон та цы вæййынц? Цæстфæлдахæн ми- тæ? Дымгæ кæй ахæссы, ахæм фæлывд дзырдтæ, дзæнгæда, и? — ныййиттæг и Си- мæ йæ моймæ. — Цæй, бæсты бæллæхтæ сраст кæнын дæ зæрды ис? Ахæм къæйных койтæ цæмæн хъæуынц? — æрбанхъырдтæ ис Гæккæзы тæрных. — Нæ, нæ, тæргæйттæй нæу. Уыцы æм- бырдты ма дæ фыд, рухсаг уæд, Быдзийы ныхæстæ мæ хъустыл уайынц: «Фесафæм зиаихæссæг æгъдæуттæ! Æгас цæуæд ног дуне!» — Дæ зонд фæцыди? Де ’взаг цы рай- хæлдтай? Æз хистыты фарс никуы уыд- тæн. Фæлæ ирон цæегом, адæмы рæгъы цæ- уын нæ нал хъæуы. Æхситтаг фæуыдзы- стæм,— сабыргай дзуры лæг. — Зиуæн æй аргæвдæм. — Дæм, цæй охыл? — Дисиджыны æхсызгондæр цы хъуыд- дагæн бахъæуа, уымæи,— дзуапп радта сылгоймаг. — Ницы дын æмбарын. Зæгъ, дæ зæрды цы æрæфтыди, уый. Мæнæ дæм цыппар лæ- гæй хъусæм,— æнæмбаргæйы каст бакбдта пæлгоймæгтæм Гæккæз, йæ уæхсчытæ кæ- рæдзимæ æрбалхъывта, йæ былтæ фесчъил сты. Симæ дзуры. Лæгты цæстытæ йæм ный- ирд сты. Уый фарон уыди. Симæ йе скъо- ладзаутимæ ацыди экскурси. Кæмттыл, рæгътыл бафтыдысты Саджил хохмæ. Хо- 57
Хы раз лæбырд сцæндтæ, собæуттæ. Мæс- чъыдонвæд ныхгæдта. Йæ фæндаг дзæгъæл баззад. Ныссур и, бахуыскъ. Дисиджынмæ цы атагъатыл, цы сæрвæттыл цыд, ’уыдон сидзæрæй баззадысты. Сæ дойныйы еудо- дой арвмæ хъуысы. Фиййæуттæ, хъомгæс- тæ фос хизæнуатмæ сыскъæрынц. Сæрды- гон æнтæфы сæ хъаймæт фидынц. Æнæдо- нæй хурмæ дзæгæрæг байдайынц. Нæ уæл- вæзты, къуырфыты цы стыр цадтæ, малтæ, . цъымаратæ уыд — сæ кой’дæр нал и. Ба- хус сты. Кæд ма уалдзæг митдон вæййы, йе та къæвда рæстæг, уæд фосæй, фиййауæй æрцæрынц. Мæсчъыдон нæ хъæуы астæуты куы згъордта...Хъазты, бабызты дзугтæ доны былты æмæзмæлд кодтой. Сабитæ култы сæ тъыбар-тъыбурæй не ’нцадысты. Ныр сæхи кæм найой, кæм ирхæфсой, уый нал и. Хъазæй, бабызæй сыл цъыф нындæгъ- ди. Æнтæфы быруйы рæбынты се ’взæгтæ раласынц. Рыджы сæхи æвдулынц. Хус за- маны-иу алчи йæ цæхæрадонмæ донхорыг ацарæзта. Куырæйттæ — сындзæрх æхгæд. Адæм се ссинаг æндæр хъæутæм æнтъу- хынц æхсæвæттæты. Дон... Дон... Æвдадзы царды хос нал и. Хæххон тæлтæг дон уынг- ты нал згъоры. — Дæумæ гæсгæ уыцы стъæлд хабар мах нæ зонæм? — фæцырд и колхозы сæрдар Тембол. — Æмæ уæдæ кæм стут? — Зын хъуыддаг у. Дард ран ис, хæхты. Фæндаг æм гæрдын хъæуы. Экскаватор, бульдозер æм кæуылты ссæудзысты? — ба- змæлыди парторг Сыбе. — Цалынмæ уыцы бæрзонд æфцæгмæ 58
машинæвæндаг аразат, уырдæм бульдозер, техникæ æппарат... уæдмæ, гъери-гъа!—йæ цæнгтæ фæйнæрдæм байтыгъта Симæ. — Уæдæ куыд, уыцы тъæпæн хох йæ бы- натæй цы фезмæлын кæндзæни! — фæхъоп- пæг сты Гæккæзы цæстытæ. — Адæм... Нæ хъæу лæгдыхæй, зиуæй. Дардмæ æргъæвæн ын нæй. Тæккæ иннæ- бон, хуыцаубоны. Цас стæм... Скъоладзау- тæ, ахуыргæнджытæ, мæнæ нæ директор Артур... Колхозонтæ лæгæй, усæй... Сæдæ- йы бæрц куы уæм,— ныхъхъæддых и Си- мæ. Агъуыст фегуыппæг и... Сыбыртт нал хъуысы. Ал’чидæр дзы цыдæр хъуыдыйы афардæг и. — Гæккæз, дæу куыд фæнды? — афарс- та йæ Артур. — Æмæ гъа, адæмы фæтк халын...— æмæ фæсыпп и лæг. — Уыцы æгъдæуттæ мах куы нæ феха- лæм, уæд æндæр чи? — фестади Сыбе,— зиу иинæбон, Саджил хохы раз! Адæмæн æй бамбарын хъæуы! Симæйы цæсгом сындæггай æрфæлмæн. Мидбылхудт ын йæ тызмæг æнгæс асырд- та. 5 Чи у, уый? Тæргæ бæхæй чи тындзы? Фæдисы сæр кæй бахъуыд? Бæлвырд, цы- дæр хабархæссæг у. Дæлæ æрбахæстæг и. Бæхы хуыррытт цæуы. Цæфхæдты бынæй дурты, къæйты гыбар-гыбур хъуысы. Схæц- цæ. Саргъæй æнæрцæф лæппуйау нæудзар- мæ æрсæррæтт ласта. Бихъхъуыр... Ехсы бырынкъæй йæ бухайраг сау худыл хæрд- 69
мæ схæцыд. Йæ урс рихитæ фæйнæрдæм адаудта. Дæрддзæф слæууыд. Бæхы рох- тыл хæцы. Нæдæр салам ратта, нæдæр йæ дæндæгтæ базыхъхъыр сты, кæд ын чидæр- тæ сæ сæртæй акуывтой, уæддæр. Симæ йæм батахт, йæ разы алæууыд. Куыддæр йæ былтæ базмæлыдысты, афтæ йыл уыциу цъæхахст ныккодта: — Хорз дын бантыст, ницы дын у! Иры бæсты цы нæ ма фендæуыд, ахæм хабар! Сылгоймагæй, уынаффæгæнæг сыстæм! Къæдзилырдыгæй зондамонæг! — Цæй, адæмы’ дæхимæ ма æрыхъусын кæн! — лæгъзæй йæм дзуры ’йæ чындз. — Адæм... Адæм! Ды сæ. бацагайдтай! Æнхъæлыс, нæ дын фехъуыстои дæ хи- вæнд митæ! Уæдæ уый цы фыцы аджы? — фæкомкоммæ фыцгæ агтæм зæронд. Бихъхъуыры цæсгом ныттугдыппыр. Ар- тау судзы. — Ме ’фсымæр Быдзи æнæуæрст дзыл- лæйы астæу йæхицæи чындзагæн ’дæу рав- зæрста. Йæ фыртæн хуыздæрæн дæу ра- куырдта. Æмæ йыл мæрдтæм нычъчъыртт ластай! Кæд федтай ахæм диссаг! — йæ ала армытъæпæнтæй йæ цæсгом амбæрзта Бихъхъуыр, стæй йæ цæссыгтæ асæрфта. . Æвæццæгæн, адæймаг истæмæй куы стыхсы, куы сфæлмæцы, фæбынæй, фæта- сынæй куы стаерсы, уæд хъуамæ искæуыл фенцой кæна, æндæр хос ын нал вæййы. О, куыд хорз у фидар æнцой! Симæ йæ цæстытæй адæмы æхсæн Сыбе æмæ Тембо- лы рацагуырдта. Йæ къух сæм фæтылдта. Сыджытæйдзæгтæй сæ хид калгæ æрбауа- дысты. Бихъхъуырæн худæнбылæй салам 60
радтой. Фæлæ уымæн йе ’рфгуыты тар æл- хынцъ нæ райхæлд. — Ме ’фсымæры мæлæтмæ æнхъæлмæ кастыстут Мæсчъыдон раздахынмæ? Хо- хы цъæссытæ гæрдын абонмæ æртардтат? Уыдон хицауады хъуыддаг сты! — фыцы, æхсиды зæронд. — Мæсты нæм ма кæн, æвзæрæй куы ницы аразæм. Царды хосыл куы тухæн кæ- нæм. Нæ фос, нæ сæрвæттæ, нæ куырæйт- тæ, нæ адæм цалдæр азы æнæ донæй тых- сынц. Бакæс-ма, нæ хъæубæстæ уæхскуæ- зæй куыд архайынц,— фæлмæн æвзагæй йæм дзурынц Сыбе æмæ Тембол. Бихъхъуыры бæх ногдзыд кæрдæгмæ зы- дæй лæбуры, уый йын йæ идоныл фидар хæцы. Мæстыйæ кæсы Дисиджыны фæси- вæдмæ, иууылдæр йæ зонгæтæ, хиуæттæ. Лæбырд гæрдынц, фæлдахынц. Гуымс, гы- бар-гыбур не ’нцайы. — Дæ сæр иуырдæм, цæвын дæ! — хъуысы кæйдæр ныхас. — Цы дæ хъыгдары мæ сæр! — Куы дын бакæсын дæ дзыккутæм, æнæлвыд сæгъы хуызæн, уæд мæ зæрдыл хæсгард æрбалæууы,— æмæ ныккæл-кæл кодтой фæйнæрдыгæй. Уæртæ Гæккæз æмæ йе ’мбæлттæ-пихи- джын ставд бæрз бæлæстæ æрбалухынц. Сæ хид кæлы, хъуысы сæ тыхулæфт. Ауа- зæнмæ сæ баластой. Донвæндагыл сæ цæх- гæрмæ ныффæлдæхтой. Фæстæмæ та фæ- цæуæг сты. Æрбахастой та. Ауазæнмæ сæ æппарынц. Йннæтæ сын сæ уæлæ калынц дуртæ, нæууытæ, сыджыт. ’ — Ардæм-ма рауай, уæртæ зондджын! — 61
фæдзырдта Бихъхъуыр Гæккæзмæ.—Хæстæ- гæй, хиуонæй, уартæ æндæр хъæутæй дæ кæртмæ æмбырд кæиынц Быдзийы дыууис- сæдзæм бонмæ! Æмæ цы кусæг дæ ды та? — тыфылтæ калы зæронд. — Рухсаг уæд мæ фыд! — йæ къух ауыгъта Гæккæз æмæ та хъæдырдæм йæ ных сарæзта. — Ныртæккæ Мæсчъыдопыл ’ архъан баппардзыстæм! — Йæ атæлфæнтæ нæ къухы сты! — Цырддæр февнал! — уæлдæфы арауы фæсивæды хъæлæс. Рæстæг згъордта. Уæдмæ хур ныгуылæ- ны рæгътырдæм фæкъул и. Райхъуыст къухæмдзæгъд, цины хъæртæ. — Фæндараст! Мæсчъыдон йе ’нусоп фæндагыл, йæ ра- * гон цæуæнтыл анкъуысыд. Фæллад кус- джытæн сæ мидбылхудт сæ цæсгæмттæй нал хицæн кодта. Хуры тынтæ ссыгъдысты тæлтæг хохаг доны уæлцъарыл. Сæ зынг фæдтæ цыма фæстæмæ фесхъиуыпц. Кæй цæстытæм фæкомкоммæ вæййынц, уый йæ- химидæг бахуды. Уырдыгаив æрхы знæтдо- ныцъæхснаг зарæгæмæ дымгæйы сонт хъæ- лæс баиу сты. Æмæ обауыл хъалсæр сырх дидинæг нал æфсæды кафынæй. Куы фæ- разуæз вæййы, куы схъæлæй аззайы йæ гуыр, куы йæ сæр тилынæй нал æнцайы — цыма хъазты хъалхаст лæппу згъоры къах- фындзтыл тъæбæрттæй. — Хорз адæм, фынгтæ, бадæнтæ цæттæ сты, бадгæ!,— райхъуысти æфсинты ныхас. Чызджытæй кæйдæр æрмтты фæндыр февзæрди, хохрæбын ныннæрыд йæ цъæхс- 62
Наг хъæлæс. Лæппутæй чидæр систа илаё-» лæйы зарæг. Бихъхъуырыл цыма арт сирвæзти — йæ бæхы саргъмæ басæррæтт ласта æмæ ти- гъæй æрбатары. Æнæ уый дæр уыдзæн стыр куывд. Галы сæр, галы сгуыйæ хис- тæр скувдзæни фыццаг гаджидау: Быдзи- йы чындзы цæрæнбон æмæ лæгдзинадæн. »
СУСÆГ ЗАРÆГ 1 С-’олойы былтæ цыма ацы бон размæ,тынгдæр рацъупп сты. Стæй йæ бурдзалыг æрфгуытæ дæр сæхи æгæр хъуынтъызæй æвдисыиц. Куы акъахдзæф кæны, уæд галиу синæй гæзæмæ чиуы. Уæн- тæ фæкъуыпп сты, æмæ гуыр фæразуæз. Фæ- зæронд и Соло. Къæдзсæр лæдзæг дæр уы- мæн райста. Æрмæст цæстытæ... Цæстытæ сæхицæй дард сурынц зæронды ном. Сæ зиллæччыты, сæ фæлгæтæджыты дæлимонтæ æрцарди. Иу ран нал лæууынц. Стыртына, схæйрæджджын вæййынц. Агуыридурæй амад бæрзонд къултыл кæрæфæй аныдзæ- вынц. «Ацы дзуарбадæны хуызæн галуан- тæй æнæхай цæмæн дæн?» — мæстæй æн- хъизы лæг. Кæсы... Аразынц хæдзар. Хуымæтæджы хæдзар нæ, фæлæ фондзæттæгуæлæйы. Дæс æмæ дзы дыууиссæдз бинонтæ æрцæр- дзысты. Агъуысты фæрсты, йæ рæзты дыу- уæрдæм тæхынц машинæтæ. Ласынц дур- 64
Тæ, фæйнæджЫтæ, чъырызмёест, цемеит* Уæзисæн къран ’сындæггай къæс-къæсгæн- гæ æфсæйнаг куыф зæхмæ æруадзы. — Тагъддæр! Цырддæр! — хъæр кæнынц уæле бынмæ, агъуысты тигътæй хурсыгъд счъилдыс лæппутæ. — Ныртæккæ! — æмæ та къран зæххæй сцæу-цæу ласы уæззау уаргъ — аразæн æр- мæг. Соло афтæ хуырым нæу, æмæ йæхи ницызонæг скæна. А фæстаг азты ахæм хæдзæрттæ аразгæ иу æмæ дыууæ хатты, миййаг, нæ федта. Фæлæ ма уæддæр инже- неры номæй кæмæ дзырдтой, уымæ йæхи æввахс баласта æмæ йæ афарста: — Ам чи ^æрцæрдзæни? Кæмæн дзы дæт- дзысты? — Хæдзар кæмæн нæй, уыдонæн..^ Дох- тыртæн, ахуыргæнджытæн, кусæг адæмæн... мæнæ фæззæджы,— дзуапп ын радта арæз- тады хицау æмæ фæцæуæг и. Соло куы иуырдæм азилы, куы — иннæ- рдæм. Иæ цæстæнгас хæссы.... Цæстыл уа- йы фæззыгон бон... Ардæм, ацы æрттивгæ галуанмæ, йæ амонд кæмæн скуса, йæ хъул сах кæмæн абада, уыдон хæлæфæй ласдзы- сты сæ ^фæллой. Райхъуысдзæни дзы за- рын, фæндыры цагъд, кувæг лæджы гаджи- дæуттæ, агуывзæты зæлланг, ’сывæллæтты хъæрахст. Соло донбыл уазал дурыл æр- бадти. Сæр уæрджытыл æруагъта. Дзæв- гар рæстæг уæлтъыфæлттæ кæрæдзийыл ныхæстæй баззадысты. Кæсы кæдæмдæр æбæрæг ранмæ. Стæй йын цыма чидæр йæ бæрзæйыл фыцгæ дон æртагъта. Фестъæл- фыди. Фестад. Иæ къæхты бын кæрдæджы сыбар-сыбур ссыд. Дæс туманы ссарæгау, 5 Æууæнк 65
æхсызгонæй бахудти; йæ хъæбæр бур æМ- гуылдзтæй тæрных бахоста. — Дæ хъуыддаг раст, не скæнæг хуыцау. Зондагур цæуын мæ никуыдæм бахъуыд. Хъыпп-сыпп никæмæн — сусæг зарæг хъæ- рæй нæ чыидæуы. Алцæмæн дæр йæ райди- ан у зын,— барæуæг сты Солойы уæнгтæ. Сабыргай рараст и сæхимæ. Хъуыдытæ сæрыкæхцы цыппæрвадыгæй уадысты. Цæ- уыл хъуыды кодта, цы скарста — дуры гуыбынмæ дæр æй нæ ньгдздзырдтаид. Тарсти йын. Миййаг йе ’взаджы алгъæй куы сирвæза. Исчи йын йæ базыртæ куы акъуыра. ,2 Цыма бæрзонд хæхты тигътыл арт сир- вæзти. Хуры хæрдгæ тынтæ сыл тæлфын, тыбар-тыбур райдыдтой. Уалдзыгон рай- сом. Æрдзы минтæнон фæндыр ныззарыд царды æмæ хуры зарæг. Фæсхæдзар, кау- рæбын, цæхæрадоны картофы рæнхъы кæ- рон æрлæууыд Соло. Фæтæн къæпийы ком дæрзæг уырзтæй æрæсгæрста: кæд, миййаг, къуымУх у. Цæнгтæ уæзбынгомау бæрзонд систа. Райхъуысти къупп-къупп. Рувы. Хæмпæлгæрдæг быпдзарæй хауы. Змæнты саумæр. Хуыфы. Ныхыл февзæрди хиды æртæхтæ. Соло хаттæй-хатт къæпийы æн- цой алæууы. Йæ хæдзармæ лыккæсы. йæ цæстæнгас дзы нал фæисы. Цыма йæ фыц- цаг хатт федта. Хæдзар... Агуыридурæй амад. Цыппар уаты. Асфальт кæрт. Сара. Агъуысты алыварс кæрдо, фæткъуы бæлæс- тæ. Лæг йæ куыст фæуагъта. Иæхи райста. 66
Сугсæттæн къуыдыры цур згæхæрд фæрæт лæзæры. Систа’йæ. Куыддæр кæрты астæу- мæ æрбахæццæ, афтæ йæ ололи райхъуыс- ти: — Ацы фæрæты ком чи фехæлдта, уый цæнгтæ сæ рæбынтыл ахауæнт! . — Цы кæныс, цæуыл та сæрра дæ? — йæ разы февзæрд йæ ус Годзекка, цыбыр- гомау фæтæнуæхск сылгоймаг. Сау кæл- мæрзæны бынæй урс сæрыхъуынтæ зынынц. Йæ нæрст цæсгомыл — иугай бур бызычъи- тæ. — Науæд ацы спичкæйы къопп ам зæх- хы цы джиуы? — кæцæйдæр фелвæста спичкæты хæррæгъ. — Æгас къуыри дæ загъд-заманайæ куы- нæуал фæразæм! Хъæрццыгъайау бинонты дæ ныхтæ цы ныссаг’ьтай?— скатай зæронд ус — Цæй бинонтæ ис мæнæн! Бынхортæ! Хæдзархалтæ! — Банцай, адæм та дæм æрыхъусдзы- сты! — сабыр кæны Годзекка йæ сæры хи- , цауы. О, æрыхъуыстой ма йæм цалдæр боны размæ, рапсомæй../' Йæ фырт Асан ахуыргæнæг у. Институ- ты кæимæ ахуыр кодта, кæддæр иу æмдзæ- рæны фæрсæй-фæрстæм кæимæ царди, уы- донæй дыууæ йæхиæмкарæн лæппуйыл хъæуы астæу, автобустæ кæм æрлæууынц, уым хæрхæмбæлд фæци. Рагон хъæрмуд æмгæрттæ кæрæдзийыл ныттыхстысты. Сæ цæсгæмттæ æхсызгон тæмæнтæ скалдтой. Сæ иу сæ иннæйы фæрсы... Хабæрттæ... Куыдтæ стут? Цы фестут?.. 67
— .Ныр изæр у. Уазджытæ стут æмæ уын фысым дæн. Ахсæв иумæ арвитæм,— бахатыди сæм Асан. Дыууæ лæппуйы кæрæдзимæ фемдзаст сты. Иу иннæйы хъуыды фæхатыдта æмæ Асанимæ фæцæуæг сты. Асантæм замманай хъыбылтæ уыд. Иу дзы рацахста. Уайтагъд карды бын йæ хъыллист ссыд... Уæдмæ æрталынг и. Кæ- ройнаг хибар уаты уæззау, зæрдæбынæй -кæй æрæвæрынц, ахæм фынг арæвдз и. Кæстæртæ Солойы хуыдтой сæ бадтмæ, нæ уæле хистæрæн аФад, зæгъгæ. Ахæмтæм зивæггæнаг нæу. Уазæг йæ артдзæстæй æгуыдзæгæй никуы аздæхти. Никуы йæ ни- чи федта чъындыйæ. Фæлæ ацы хатт не *сразы. Изæрдалынгты йæ хуыссæн ссард- та. Æ-мæ дзы суанг бонмæ йæ сæр нæ ра- дардта. Райсомæй уазджыты фæстæ дуар куы ахгæдтой, уæд Солойы маст атъæпп ласта... Йæ фырт Асаны куы ауыдта, уæд бæстæ саудодой сси. Асан фондз æмæ ссæдзаздзыд лæппу у. Урс хæдоны фæччитæ сау хæлафы комдæ- лы тъыст. Сæр ногдаст, йæ царм хурмæ æрттивы. Йе 'рфгуытæ,"йæ бурдзалыг цæс- гом — æнтъысыæгхуыз, хуыссæнхъæлдзæг. Дысон æгæр бирæ кæй фæбадти, уый йыл фæзынди. Уæнгтæ ныууæззау сты. Асинтыл •сабыргай кæртмæ æрхызти. Йæ фыдмæ ныджджих и. — Ныккæс мæм! Дæхи хуызæн фыдгуы- бынты æрæмбырд кæныс æмæ къуымтæ ’къуыввиттæй аззайынц! — арты цæхæртæ ссыгъди Солойы цæстыты. — Цæй, ахæм стыр фæлхасы бын нæ 68
фестæм, цы слæбурæг дæ?! — батыхсти фырт. — Цы ма дæ фæнды! Галыйас хуы æр- фæлдæхтай æмæ йæ ныддастат! Кусарт цæ- уыл сфыхтат? Мæ сугтæй къæцæл нал баз- зад. Цыхтæй, ссадæй... Сызмæстат сæ! Арахъхъ сын кæй къæбицæй æнтъыхтай? Цæхæрадоны хъæдындз æмæ нурыйы мыг- гаг куы сыскъуыдтат! Кæм цы къуыдипп ис, уыдон хъуыры мын мæ хæдзары бæр- кад ауагътай! Уæвгæ дæ ныфс ис, æз та уын не ’рлухдзынæн! — нæрынц Солойы тызмæг дзырдтæ сæууон уæлдæфы. — Цæй, цæуыл дзурыс? Уазæг фыццаг хатт федтам! Намæ æз дæр кусгæ куы кæ- нын, мæ цæстытæ мын цы къахыс? — фæ- бæрзонд и Асаны хъæлæс. — Кусгæ? Йæ зæрдæйы дзæбæхæн скъо- ламæ адзæхст ласы æмæ сывæллæттимæ фæпикри кæиы! — тæвд къæйтыл кафæгау иу ран’нал хæцы лæг. — Хъæу нæм æрыхъуыстой! Дæ мард дып феной!—йæ тæрттæ сцæгъды Годзек- ка йæ мойыл. — Уадз æмæ йæ алчидæр зона, цавæр æпаггаг биноиты ахæсты дæн, уый!.. Æмæ æцæгдæр, уынджы сæ рæзты дыу- уæрдæм чи цæуы, уыдонæй сыл чидæртæ бапыррыччытæ кæны. Ныр та ацы райсом дæр йæ фыды хъæр- мæ йæ уатæй рахызти Асан. Уайтагъд Со- лойы æрдиагæй йæ хъустæ фæцæйкъуырма кодтой. — Иа, уæдæ уæртæ уый истæй мæты ба- цæудзæни! Иу йæхи хуызæн судзаджы мард кæцæйдæр æрласта æмæ æмбисбон- 69
мæ хуыррыттæй сæйынц. ÆввоНгхортæ! Ныртæккæ уæ мæ цæсты кæронæй дæр куыд нæуал фенон! Адде ут!—Лæдзæгæй æвзиды Соло. — Хорз, уæлæ не ’рвадзелтæм фæдзур- дзынæн æмæ — уаргæ! — йæ сæр батылдта фырт. • — Цы уаринаг дын ис мемæ? — Цыппар уатæй дыууæ дæу, дыууæ— мæн! — алыг кодта Асан. — Адон мæхи къухтæй арæзт сты,—аца- мыдта агъуыстмæ фыд,— зæгъ, иу фæйнæг, иу зæгæл, иу дур дзы искуы бавæрдтай? — Уый хицауад равзардзæни,— фыды игæрыл цæхх айзæрста лæппу. Зæронд фестъæлфыд, фесхъиудта. Тым- был къухæй йæ фырты былтæм бавзыста. Фырмæстæй йæ дыууæ цæсты цыма сæ бынæттæй фæиртæстысты, ныззылын-мы- лынтæ сты. — Бафыдæбон кæн ды дæр. Ссар дæхи- цæн хæдзар. Мемæ уын ницы ис! — загъта хъæрдæрæй Соло æмæ йæ фырт æмæ чын- дзы уаты фæмидæг. Рудзынгæй асины бынмæ расхъиудтой дæргъытæ хъулон гобæттæ, сырхцъар хъæццултæ, урс-урсид дæнгæл базтæ, чу- мæдантæ, чингуытæ, бандæттæ, ’тумбочкæ. — Сæрбыны дæ хуыцау фæкæнæд, бæт- тинаг æрра! — батахти йæм Годзекка. Чындз, Гафетæ, ^афтид^ халаты мидæг кæртмæ расæррæтт ласта. Цъæхахст æмæ богъ-богъ йемæ рахаста. йæ дзаумæттыл йæхи ныццавта. Фæстæмæ сæ уатмæ хæс- сы. Зæронд йæ разы фæцæхгæр. — Дæ мадыфсымæр — райкомы’ хицау. 70
Кæд_дыл сæр ис, уæд,— ныккомкоммæ лæг йæ чындзмæ. Гафетæйы нæрст цæсгом ныффæлурс и. Фырадæргæй йæ цæнгтæ йæ риуыл дзуар- æвæрдæй февзæрдысты. Йæ разы цыма Со- ло’нæ уыд, фæлæ тугдзых тигр... Йæхи йыл ныздухдзæни... æмæ дæ фыдгул афтæ... Сылгоймаг фæстæмæ-фæстæмæ алæууыд. Æнæрхъуыдыйæ - цавæрдæр дзыхъхъы йæ туфлийы цыргъ зæвæт фæсагъд. Фæцудыд- та. Куыд асхъиудта, нал æй фæхатыдта. Фестади* ма. Ныдздзынæзта. Къулгæрæт- ты æддæмæ уынгмæ куыд рацæйтахти, аф- тæ йе стыр сызгъæрин тæлыхъуссæг цы- дæр згæ зæгæлыл фæхæцыд. Хъуссæг зæгæ- лыл ауыгъдæй аззад. Хъус æрфасти. Туг æрмæхсти хъуырмæ. — Мæнæ мыл цы мæгуырыбон акод- та!—йæ уæрджытыл тымбыл къухæй ба- лæууыд æфсин. Гафетæйы æфсымæр Дзыццо, колхозы зæхгæс, фыдуаг, фыдцъылыс адæймаг. Уа- раджы йæ уæлбæхæй ацы хъæууынгты цы æрбахаста?! Саргъыл куы иуæрдæм ныц- цух-мух кæны, куы — иннæрдæм. Кæмдæр арахъхъæй сæудзавд фæци. Солоты цурмæ æрхæццæ. Куыддæр йæ хойы кæугæйæ, ту- гæйдзæгтæй ауыдта, афтæ æрсæррæтт ласта- бæхæй. Кæрты батæлфыд. — Цæй тугтæ, цæй цæссыгтæ дын сты адон?!—сырдау Гафетæмæ йæхи баппæрста. — Хæдзарæй нæ тæры! Мæ хуыссæнтæ мын ракалдта... Акæс-ма...— æнкъардæй рахабар кодта Гафетæ. — ,Ды кæмæ систай дæ къух?!—бауыр- дыг Дзыццо Соломæ. 71
— Фæлæуу, фæлæуу... Сабыр... Бамбар мæ! — Фæхæлиу ма Солойы дзых. Фæлæ уæдмæ Дзыццойыкъамбецдзармæй быд ехс æрбатыхст Солойы бæрзæйыл, сæ~ рыл, цæсгомыл, уæнтыл, къабæзтыл... 3 Урсхалатджын пыхцылрихи дохтыр пала- тæйы дуар сабыргай бакодта. Знон-райсом кæй æрбаластой, уый сынтæджы раз æр- лæууыд. Æрысгæрста йын йæ туджы цавд. Цæнгты, бæрзæйы тугдадзинтæ тæлфынц. Соло арф ныуулæфыд. Чидæр йæ уæлхъус кæй ис, уый бамбæрста. Ракæсынмæ хъа- вы. Цæсты уæлтъыфæлттæ кæрæдзнйæ сæ- хи атоныныл архайынц. Цæстыты рухсы цъыртт дзир-дзур кодта. Лæг йæхиуыл сцæйхæцы. — Оуу, мæ зынг хуыссы! — уæззау цæф- тæ зæрдæ цыргъ хъамайы фындзау рæхо- йынц, æмæ дзы тугтæригъæддаг уынæр- гъын райхъуысы. Соло цадæггай йæхи æр- æмбæрста. Уайтагъд нæ маст ивылд фурдау алырдæм рæмудзыи райдыдта. Улæфæнтæ æрбацæйæхгæнынц. Хъусты цъыс-цъыс ссæ- уы. Фæнды йæ сыстын. Къæхтæ сынтæгæй пъолмæ æрцæйуадзы. Фæлæ цыма йæхи не сты, нал кæсынц йæ коммæ. Фæстæмæ хуыссæны æрхауы. Мæстæй хæлы. Буар арт уадзы. Цыма цыргъдæндаг бæххафæ- ныл хуыссы. Кæмæн ракæна йæ хъазт? Чи йын бам-" бардзæп, цæуыл уыд * йæ катай, цæмæ скъуыдта йæ быцъынæг... Айразмæ сæ кæр- ты къуыдырыл бадти. Бæрз бæласы къа- 72
лиутæй уисой быдта. Кулдуарæн æдде, уынджы чидæртæ æрлæууыд. Сæ уынæр æм æрбайхъуысти. Дуар æрбахостой. Соло сæм рауади. Дыууæ нæлгоймаджы, фыд æмæ фырт. Чысайнæгтæ, фæсхохаг. — Хæдзар уæййаг никуы зоныс?..— афарстой Солойы,— чи зоны йæ дæхæдæг дæр... Лæг сагъдауа?й аззад. Аджис-къус. «Ба- фæлварæм, кæддæра куыд уаид»—срæ- хуыста йын цыдæр йæ сæры магъз. — Мæ хæдзар уæййаг у, бæргæ, фæлæ рæстмæ æлхæнæг нæ арын,— загъта Соло æмæ уазджыты кæртмæ æрбакодта. Æлхæнджытæ азылдысты хатæнты, сара- йы, ныккæнды, цæхæрадоны. * — Цас æй кæныс? Йе ’цæг аргъ? — æр- лæууыдысты лæгæй-лæгмæ. — Æртæ æмæ ссæдз мины,— асырх и Соло. Радзур-бадзур, ракæ-бакæ, расæтт-ба- сæтт... — Æри дæ къух! Æвддæс мины. Æрмæ- джы æхца! — йæ цонг фэёхъил кодта фыд. — Куыд загътон афтæ, абази дæр нæ аппардзыпæн,— иыццæхгæр хæдзары хи- цау. Фыды цæсгом фæтар, йæ лæппуйы ды- сыл фæхæцыд æмæ фæцæуæг сты. Соло фæстæмæ йæ бадæны æрбадти. Ныхъхъус. >Сагъæсты афардæг. Цыма топ- пы кæсæпæй иысанмæ ныхъхъавыд, уыйау йæ галиу цæст ныцъцъынд. Рахиз æбæрæг кæдæмдæр . дзагъырæй кæсгæйæ баззад. Сæры магъзыл ныффæлдæхтысты уæззау 73
хъуыдытæ. Зæрдæйыл сæ уæз æруагътой. Йæ уд æхцайы гуыппары бабырыд. Æхсæвæрыл фыртæй, чындзæй иумæ куы æрбадтысты, уæд Соло æркой кодта: — Дæлæ районы центры, доны былтыл, хицауад диссаджы агъуыстытæ сыскъæрд- та. Ныр дæр дзы аразынц... Стæй м"а, дам, дзы ноджы дæр... Сымах дæр уæ хъустыл схæцут. Исты хуызы дзы райсут. Уæдæ дзы адæмæн куыд раттынц. Лæвар секци. Цы зиан дзы ис? — Йæхицæн хæдзар кæмæн и, уыдонæн дзы нæ дæттынц — загъта æнæбары Асан. Дзæбæхæй нæ, уæд тызмæгæй. Соло хы- лы дзæкъул фестад. Йæ фырт, йæ чындзыл цæхæр цæгъдын райдыдта. Хабар дымгæ- йы барцыл абастæуыд. Хъæуыл ахæлиу. Солойы йæ зонгæтæ фæндагыл цал æмæ цал раны æрурæдтой: «Дæ лæппуимæ æцæг байуæрстай?» Сургæ! Уынджы куыд батæлфой! Искæй фатеры сæ сæр куыд фæцæвой. Стæй куы- дзæн йæ быны дон куы бацæуы, ленк кæ- нын уæд базоны. Чындзы мадыфсымæр — райкомы хицау, дзырддзæугæ лæг. Æххуы- сы сæр кæй бахъæуы, уый уымæ куы фæ- цæйтæхы. Уæд йæхионтæм йæ чъылдым раздахдзæн? Секцийы, лæвар хæдзары куы æрцæрой, уæд Соло йæ агъуыстытæ æрба- уæй ласдзæни. Æвддæс мины! Скæнæг хуы- цау, уыдон дæ чырыны æрæфснай! Цæрæн- бонмæ фаг фæллой. Æмæ стæй йæ хъæбу- Лы дæлбазыр балæудзæн. Фыд æмæ фырты хыл?! Бамбарын æй кæндзæн Асапæн, уый хыл нæ уыд, фæлæ сусæг зарæг, цæстмæ ми. Знон-райсом сыл феддæдуарыл бæргæ 74
ехæцыд. Сæ уды къоппатæ æфснайыныл систы. Кæуылты ма раирвæзтаиккой. Фæ- лæ æлгъыст фæуæд Дзыццо, цы фыдбылыз æй рауагъта! Дзыццойы коймæ Солойы сулæфæнтæ æрбакъуындæг сты. Цыма йын йæ уæззау цæфтæ, хъæдгæмттæ уксусæй айсæрсти. Сдудыдтой. Арт сыл сирвæзти. Дондзаст цæстытæ атартæ сты. »
ЦÆСГОМ I 1 У ыцы райсом хуры райгуырд ничи федта. Хуры гуырæн рæгъ- тыл хъуынджын арсау пъæра мигътæ ныд- дæлгом сты. Дысоны æртæх йæ фынæйæ нæ райхъал. Фæззыгои æнцад æгуыппæг быдырты ныххуыссыд. Тындзы,' тыхсы, рауай-бауай кæны Мит- тыл. Æнæхайыры хъуг фæуæд! Къæдзæхы йас у æмæ хизæнуаты йæ дæпдаг арæхæй куы ницæуыл схæцы, уæд дзы изæрæй хæ- дзар ферох вæййы. Знон-изæрмæ, далæ дон- гæрон фермæйы цур, колхозы хъомæн зы- мæгмæ силос æвæрдтой. Цæмæй хæйрæг уыд, æндæра хурæй ратьщдзыдтаид. Ссард- - таид æй. Изæрдалынгты ма Миттыл сæ кулдуарæй бахызти. Афтид кæрт. Йæ был- т,ыл хъарм æхсыры тæф нал ауади. Р1е ’мкъай Маро йæ разы æнкъард, тарстхуы- зæй февзæрд. Циу, цы ’рцыди? Сæ хъуг кæмдæр баззадис. Лæг айтæ-уыйтæ на’л... фæстæмæ уынгмæ рахызти. Исчердæмыты 76
ауайа, рацагура йæ. Фæлæ уæдмæ зæхмæ æрцыди æхсæв. Талынг... Мæй дæр æрæг- мæ скæсы. Кæдæм фæхаудтаид куырмæ- джы? Æмæ фæллад лæг йæ сынтæгыл йæ куыстдзагъд къабæзтæ æруагъта. Сæ рад æрхæццæ уасæджы уаст æмæ бо- ныцъæхты дзир-дзурæн... Миттыл карз фы- нæйæ фехъал. Æнцад у хъæу, цыма уæззау сагъæсты нынныгъуылд. Рагъы сæрмæ ар- вы тæн фæкъæртт и.' Æмæ дзы цъæхдзаст хъуынтъыз райсом зивæггæнгæ гуырди. Бон æмæ æхсæв кæрæдзийæн «фæндараст» загътой. Миттыл фестади. Рабæлццон. Фæ- дисы уадæй уайы. Азылди хъæууынгты, каурæбынты... Кæйдæр кæртæй стурты сы- нæрцæгъдын, уæззау футтытæ хъуысы. Кæйдæр сарайæ ногкарст кæрдæджы тæф фыидзыл ныдзæвы. Хъæуæй ахызти. Рыг- вæндæгтæ... Сæрвæт... Хæссы йæ цæстæн- гас пыхсбынтыл, адгуытыл. Алы къуыпп, алы обауы сæрмæ схизы. Алырдæм лæм- бынæг хъахъхъæны. Цæуы дарддæр. Мæ- нæ цъыфдзæстытæ... Цад... Кæд ам искуы нынныхсти? Нæй, никуы. Бахызти æрхмæ... Къæдзæхтæ, лæбырдтæ... Кæд ардыгæй ас- хъиудта æмæ къуыбырхъус бирæгъы амæт- таг фæци?.. Хъомгæс зæронд лæг у... Цæс- тæй афтæ бæстон нал æвзары. Ныхæй сурхид кæлы, риуæй зæрдæйы. гуыпп-гуыпп цæуы. Цы нæ ис, йæ разы куы февзæра йæ хъуджы сæры къуыдыр, æхсыд фæрсчытæ, цармы пискъуылтæ... Нæй, йæ фæд батары. Уæд та йæ нартхоры хуымты рацагурид, фаллаг фарс. Фарон дæр сæ уы- цы хайуан цалдæр хатты асгæрста. Зæхгæ- Ш къухмæ никуы бахауд../Цæугæ уырдæм, 77
Миттыл цæхгæр фæзылд фаллагварс, хъæдрæбынтырдæм. Фæндаг æм рæстмæ нæй... Хæрд, уырды- джытæ... Хæмпæл... Кæмдæрты иугай дыргъ бæлæстæ. Ирдгæ скъæфы рæгъæд хъæддаг кæрдойы адджын тæф. Рауидзид дзы, фæ- лæ кæй æвдæлы. Стæвд и. Хъуыры æгънæ- джытæ хуагъта.' Цыма дондыппЫр цъыма- райы уæхскуæзæй ныллæууы. Дзабырты цъæпп-цъæпп. Æртæхы дон сæ хъустæй акæлы. Хæлафы фадгуытæ судæстысты. Фаллагварсмæ доны .сæрты хизгæ у. Хид дзы бæргæ уыд, дыууæ лыстæг хъæды. Сæ бынаты нал сты. Чидæр сæ... Фæззыгон цæугæдон. Æрмахуыр сырдау æрсабыр и. Дур дурыл нал хойы. Йе ’рра митæ кæм- дæр дард баззадысты. Былтæй æддæмæ æртхъирæнгæнгæ нал бырсы. Йе знæт за- рæг бамыр. Фæсус сыбар-сыбур ма кæны. Иæ бын армытъæпæнау сыгъдæгæй зыны. Миттыл иу хъилдурыл йæ къах авæрдта. Иннæмæй сæррæтт. Дур къахы бын фæ- цъыввытт ласта. Цыма йын рисгæ фæкод- та, йæхи æфснайынмæ хъавыд. Лæг доны дæлгоммæ — дзæхст. Рабадти. Хуылыдз арсау, сæх-сæхгæнгæ, футтытæ... Æнæбары ма алæгæрста. Уазал... Уазал стджытæм хуынчъытæ кодта. Лæхъир дарæс буарыл æндæгъдысты. Цæсгом нынхъырдтæ. Уæз- заугай араст и. Зæхх æй йæхимæ æлхъывта. Стæй æнæхайыры сæууон дæрзæг дымгæ! Хæрхæмбæлд ыл фæци. Цыма кæцæйдæр къардиуæй .йе ’хсæвхуыссæн авдæнæй сы- стад æмæ кæдæмдæр тæргай лидзы. Дым- гæ йæ тых æвзары донгуырæны донхæри- сы къутæртыл, Миттылыл. Миттылы æфсæ- 78
рыкъæдзтæ кæрæдзийыл сæхи хойынц. Цæ- уы. Алырдæм йæ цæст хæссы. Æнгуылдзтæ æддæг-мидæг аныхсынц. Зынг агурынц. Ра- зил-базил, рахау-бахау. Схызти уæлбылмæ. Уæрдонвæндаг. Нартхоры хуымтæ. Сæ кæ- рæтты бауад. Хъуамæ се ’хсæнты æрзила. Уайтагъд йæ хъустыл ауад бæхы хуыррытт. Бæхы хиды смаг. Уæртæ æрбазынд. Кол- хозы зæхгæс Сакъа. Иæ разы фæцæх- гæр. — Цы агурыс уараджы, кæцæй æрба- мæрддаг дæ? — æрдзырдта йæм саргъыгоп- пæй Сакъа, фыдцъылыс, фыдгулы цæстæй йæм бакасти. Барæг зæхмæ æргæпп ласта. Миттыл зæхгæсы афæрсынмæ хъавыд, ме стур æддæ баззад, æмæ йæ нæ федтай, зæгъгæ. Фæлæ йе схъæл, стъæлф ныхæстæм фергъуыйау. — Фæндагыл цæуын мæ нæ уадзыс... Мæ хъуг фесæфт æмæ...— æнæбары сдзырдта лæг йæ хуылыдз фæдджитæ, дыстæ лæмар- гæ. — Стæ-ма, дæ дзыппы уый цы къуыпп дары? Дæ къухтæ ницæмæ лæууынц. Ха- фына! Фароны хабар мæ рох нæу! — æрба- мæсты Сакъа, йæ къуыбыр рихитæ, йæ цы- быр цурк боцъо уызыны барцау фæпыхцыл сты. Бæхæн йæ идон æгъдæнцойыл афидар кодта. Миттылмæ хæрзæнгом балæууыд. Цæнгтæ радаргъ сты. Хъуамæ йын æрысга- ра йæ дзыппыты, дæлæрмтты, цъындайы хъусты, роны. Кæд дзы, миййаг, нартхоры æфсир атъыста, кæнæ картоф. — Джигул мæм дæ хъавды ис? — æмæ зæхгæсы фæстæрдæм ариуыгъта. 79
Сакъа фæцудыдта. Чысыл ма бахъæуа, уымæл зæххыл нæлгæфау фæфæрсыл уа. — Кæмæ æвналыс, кæ! Æхсæвæй-бопæй, хурæй-къæвдайæ колхозы фæллой хъахъ- хъæнынæй мæ туг басур н. Дæ хуызæттæ!.. Ныртæккæ дын а-лæппу! — туджы къуыбы- лой. фестад лæджы цæсгом, уæхскмæ йæ централкæмæ фæлæбурдта. Уæдмæ Миттылы армытъæпæнтæ хæцæн- гарзы уазал хæтæлыл андæгъдысты. Дыу- уæ дæр цыма хæрæгсаст фесты —сæ мид- оынаты сагъдауæй аззадысты. Хъыпп-сыпп сæ никæмæй уал схауд. Æмæ уæнгмардæй сæхи фæйнæрдæм айстой. Миттыл тындзы хъæумæ. Мастыл — маст. Маст æддæмæ фæпдаг агуры. Зæрдæйы дзæхст-дзæхст... фароны хабар сног и, йæ цæстыты раз февзæрд... Сакъа алы æмбыр- ды йæ сины сæртыл кæмæй æрхæцы! Фи- дисæн йæ дæлæвзаг кæй дары! Уый Митты- лæн цъутта у. Сыбырттхъом нал вæййы. Фарон фæззæджы уыд уый. Колхозы нартхор тыдтой быдыры. Мит- тылы раз, йæ хæсы, дыууæ зæнгыл дыууæ æрдхæрæны æфсиры! Хаст хъыбылтау нын- нæрстысты. Дæргъæй-дæргъмæ. Æртыдта сæ. Миттылæн цыма йæ цæрæнбонтыл исчи дæс азы уæлдай бафтыдта — цинæй сыл амарди. Равдыста сæ йе ’мбæлттæм. Ахæм куы нæ уа тыллæг! Æрдз цытæ сфæлдисы! Адон мыггагæн... Уалдзæджы сæ йæ цæхæ- р,адоны байтаудзæни. Изæры сæ йæ дзып- пыты нывæрдта. Хæдзармæ... Хидыхъус, самандурæй амад будкæйы раз. Сакъа кæ- цæй февзæрд? Баурæдта шофыры. Гуыф- фæмæ схылди. Джигул. 80
^Иуæп-нугæ куы пнцы рамырхой, уæД цард ад нæ кæны! — стызмæг и Сакъа. уры. Сгары. Чыргъæдты дзæгъ-дзæгъ, всдЪаты дзыгъал-мыгъул. Никæмæ ницы ис давæггаг æмæ мæстæй хæлы. Фæллад адæм. Усæй, лæгæй йæм ныджджих сты. ÆвиппайдьГ Миттылы дзыппыл йæ уæраг бапыдзæвыд. Цыдæр хъæбæр, йæ къух дзы фæцавта. Нартхоры æфсир. Фелвæста йæ. Ипнæ дæр... — Адон цы сты? Кæй фæллой! Дæ цæс- гомы цъар хуыдзармæй конд у! — Цæй, цыдæр хорз мыггаг у... Зæгъын, уалдзæгмæ тауинагæн,— стыхсти лæг, йæ сурхид акалд. — Шофыр, скъæргæ комкоммæ колхозы правленийы кæртмæ. Миттыл, сæрдары ка- бипеты дзурдзыстæм! — йæ цæнгтæ тылдта Сакъа, стæй ахæм æхсызгон кæл-кæл нык- кодта, æмæ фырхудтæй, чысыл ма бахъæ- уа, йе ’фсæрыкъæдз фелвæса. 2 Цыма Миттыл йæ къахдзæфтæ ныма- йы — цæуы хъавгæ. Йæ к’ъæхты бын хус къæцæл, хус хъæллæгъы къæрцц ма фæ- цæуа, уæлдай уынæр дзы куыд нæ сирвæза. Цы нæ и-с маст, фыдбылызæй... Сакъа та йæ фарсмæ куы февзæра. Бæстæ ныффæ- дис уыдзæн, хуыснæг лæджы æрцахстон, зæгъгæ. Æхсæвыгон, æнафопы ам цы агу- ры? - . Миттылы зæрдыл æрбалæууыд, асæрды колхозы донласæг Текъо цы загъд-замана- . 6 Æууæик 81
йы бахауд, уый. Рувæйтæ, æнтæф, хур Цод- ма зæххыл ныффæлдæхти. Адæмæй, цæрæ- гойæ — сæ дойныйы хъæр арвмæ хъуысти. Текъо йæ зæронд бæх æмæ йæ хъинцгæнаг уæрдоныл ногæй-ногмæ дон ласта. Быды- ры кусджытæн — удыбæстæ. Иæ алыварс- иу атыгуыр сты. Сæ мондæгтæ-иу дзы суагътой. Уазал дон... Бон йæ цыды кой кодта. Хур арвы астæу æрцауындзæг... Ныффæллад Текъо, ныф- фæллади йæ хайуан дæр. Хуымы кæрон, сæрвæты бæхы суагъта ногдзыд цъæх кæр- дæгыл. Зыдæй хизы. Иæ хиды фæздæг кæ- лы. Тугцъир дзынгатæ йæм æзхуыздæро- нæй лæбурынц. Йæ лыстæг къæдзилæй сæм бæргæ æвзиды. Донласæг, ацæргæ нæлгоймаг, бæласы бын аууоны йæхи æруагъта. Хуыссæг æм гæппæввонгæй бадти. Уайтагъд йæ хуыр- хуыр ссыд. Æвиппайды мидфынæймæ кæй- дæр хъæрахст йæ-хъустыл ауад. Ие ’фцæг- гот ын чидæр аивæзта. Фестъæлфыд. — Бакæс-ма, дæ бæх хуымы бынæй рухс куыд суагъта, уымæ! Æвзæр мардæн фæл- дыст фæуай!—нысхуыста йæразмæ Сакъа, æмæ Текъо нартхоры рæнхъыты астæу ба- тæлфыди. — Уыныс, æвирхъау диссаг! Дæ хæдзар ссудза! Текъо агуры, лыстæггай кæсы. Бæх æр- баирвæзти хуымы хæдкæронмæ. Цалдæр æвзары къоппайы с’тыдта. Нымайы сæ... Иу, дыууæ... цыппар... фондз... Иу æвзар та цæфхады бын ныцъцъист. Æндæр ма дзы кæм ис? .Никуыуал дзы зыны хæрд. — Адæмы фæллой сафын дæумæ кæсы? 82
Æдзæсгом!—уæнгæлы цæстæй йæм бакас- ти Сакъа. Рувджытæ æрбамбырд сты. Циу, ць] хабар у? Донласæг — азымджын. Дзых ныххуыдта. Зæхгæс акт фыссьшыл æрбад- ти.) Тыллæг ныггæндон!.. Æртхъирæнтæ, æвдисæнтæ! Æмæ ныр Миттылы къахайст ноджыдæр фæсабыр. Цæуы арæхстгай, гæды цъиумæ куыд фæцæйхъуыза, афтæ. Нартхоры хуым- тæ... Фарон дæр сæм йæ хъуг фæцайдагъ. Абон дæр дзы хъуамæ азылдаид. Фæлæ йыл Сакъа масты цæхæр ныккалдта, æмæ йæ ньтр æхсæвыгон агурын бахъуыд. Дзыхъхъирд у арв. Мæй фæсрагъæй сбы- ры. Йæ развæндаг ныррухс. Цæст, йæ ал- фамбылайы цы ис, уыдон æдæрсгæ æвза- ры. Ныдзæм, ныггуыппæг бæстæ. Миттыл лæмбыиæг ахъахъхъæны размæ, фæстæмæ. Кæд йе стур ам искуы æввахс уа, уæд дзы куыд ницы хъуысдзæнш йе уынæр, йе сы- бар-сыбур, йе хус хъæллæгъы къæрццытæ. Æви кæмдæр арф ран ныххуыссыдаид? Кæннод та сæрысæфт æрбаци — тугдзых сырдты хай? Йе та йыл чидæр рамбæлд фæсфæд ран æмæ йын йæ мехъ фæцæуын кодта. Афонмæ ныссойдзых, физонджытæ артмæ дары... Цæуы. Йæ дыууæхстон централкæ æф- сондзау ’ уæхскыл дзедзырой кæны. Æна- фоны цы нæ вæййы... Цæй тæф у? Бензины смаг фындзы хуын- чъыты смидæг. Машинæйы моторы гуыр- гуыр куы никуыцæй хъуысы. Æмбисæхсæв цæй бензин у? Æввахсæй-æввахсдæр цæй- дæр къæрццытæ, мынæг гыбар-гыбур. Цы хабар у? Кæд ын йæ хъуджы исчи стигъы? 83
Риуы гуыпп-гуыпп ссыд. Хъуызы. Мæ улæфт æрмынæг. Уæртæ уæзласæн маши- нæ. Лæгтæ... змæлыпц. Чи сты? Кусгæ рон раджы фæци. Быдырты ничиуал ис. Ирæр- рухсæй атындзы алчи йæ хæдзармæ. I Ба- хæстæгдæр... Сусæгæй... Нартхоры к^ери. Зæххæй - йæ . машинæйы гуыффæмæ схо- йынц. Сæ фезмæлд тагъд-тагъд. Хъуысы сæ тыхулæфт, сæ хым-хым! — Ведрайæ нæ, дзыгъал-мыгъул кæны. Тæскъ... — Тæскъæй кал! — фæсус хъæлæсæй дзуры сæ иу се ’ннæмæ. Зонгæ хъæлæс... Чи уа? Хæцæигарз фæ- сонтыл ауыгъд. А-а-а, Сакъа! Иннæ гом- сæр, аххæрæджы дæргъæн. Куыд цырд лæ- буры. Хæлæф! Цыма сæ хъаймæт æрсырд- та. Кæй ма цы фæуа, уый йæхи. — Æри уал, цас дæм ис? — фæсабыр и Сакъа, иннæйы цонгыл фæхæцыд. Кæрæдзимæ хæрзæнгом балæууыдысты. Спичкæйы пæххæтт фæцыд. Фæрухс и — Сакъайы раз лæууыд къæсхуыр лæппу. Æхцаты къæр-къæр... — Æртæ туманы! Хæц! — Æртæ тонны нартхорæн? Æгæр чы- сыл у! Бафтау ма сæм! — фæкъæйных и колхозы зæхгæс. — Мæзджытыстæн, капекк дæр мæм нал ис. Кæрæдзи фыццаг хатт уынæм? Фембæл- дзыстæм та,— дзуры лæппу хæрз сабыргай, уайсадæг ног чындзау. Миттыл ныджджих. Цæстытæ асæрфы. Ногæй сæ асхъауы æмæ ныккæсы. Не ’ууæнды йæхиуыл. Кæд фын уыны? Нæ, уый фын пæу. Йæ тенкайы бын алыхуызоц 84
хъушдытæ дыууæрдæм сæпп-дугъæй згъо- рынп. Буарыл зынджы лæсæн рассæста — æхсиды фырмæстæй. Куы та исдуг æрса- быр, Уфуазал вæййы. Цы кæна? Хъæумæ тæхид? Фæдис! Кæд уыдзæн уый? Дард у. Уæдмæ шофыр аиыкъулдзæни. Йæ фæдыл ын цæхх зæр... Басæррæтт сæм ласид? Лæ- пæй-лæгмæ сыл æрхæцид? О, скæнæг хуы- цау! Уыдон дыууæ сты. Ацы дзæгъæл ра- нæй сыбыртты бон дæр нал фæуыдзæни. Цæттæ фыдбылыз. Ацы бæллæхы артдзæст- мæ йæ цы æрбахаста! Лидзгæ, цы нæ ис, уæд та йæ фæфиппайдтой. Дæ хъарм арт- дзæст, дæ хæдзар бацагур. Æмæ фæстæмæ- фæстæмæ рараст и. Раиуварс. Стæй... сæры магъзч>цыдæр срæхуыста... Цæхгæр фæлæу- уыд. Уæхскæй хæцæнгарз æриста, ифтыгъд у. Топпæргъæвдæй сæ фындзы бын батæл- фид? Тобæ, миййаг, куы ныккæла лæджы туг! Дунейы фарн, де уазæг! Йæ къæсæрæй уый тыххæй нæ рахызт, æмæ искæй артыл уазал дон ауадза. Науæд ын йæхимæ куы фæраздæр уой, уæд та? Хъуыддаг чердæм фæуæз уыдзæн? Цыма йæ цыдæр бацагайдта размæ. Ба- хъуызыди та. Уæртæ сты. Гуыффæ йæ был- тæй акалд. Исты абондæргъы сæ тонынæй сæ уырзтæ баихсыдысты! — Хорз фæуæд, цæугæ. Хæдæгай, куыд мæ ферох. Мæ мады конд арахъхъ. Дæ фа- роны нартхорæй. Дæуæн æй рахастон. Фæй- нæ æрхырхын ницы хъыгдары,— æмæ ка- бинæйы дуар фегом. Шофыры армы цыдæр. Дурын у æви авг? Арахъхъы хъæл-хъæл агуывзæмæ.., Миттылы комыдæттæ æруадысты. 85
— Дæ лæвар бирæ! — Дæхи лæвар дæр бирæ! — Исты мæ фыды хæдзарæй хдэæуы! Сомæхсæв-иу фæстæдæрмæ бахъав. ^æнда- раст! Хуыцау арфæ дæхимæ! — æмæ зæр- диагæй ныккæрзыдта карз арахъхъæй зæх- гæс. Миттыл йæ къухы фыдтæм дæндагæй фæлæбурдта: «Сакъа! Фæлæуу-ма, фæлæуу! Дæ фæрсты цъынддзæстæй ахизон? Уæд саугуырмæй нæ фæлæстæн! — Уæ къухтæ хæрдмæ сдарут! Мачи уæ фезмæлæд! — фæтъæнг ласта Миттыл, æмæ — гæрах! Гæрах! Нæмгуытæ сæ сæр- ты цъыс-цъысгæнгæ афардæг сты. Авг æмæ агуывзæйы дзыгъал-мыгъул зæххыл фæ- цыд... — Аллах! Сæфæм! Ма нæ фæцæгъд, чи дæ? — сирвæзти удаист хъæр. Сакъа йæ хæцæнгарзмæ фæцæйæвнæлд- та. Фæлæ йæм Миттыл фæцырд: — Æхсын дæ! — æмæ сæ цæнгтæ схъил сты. Миттыл зæхгæсы централкæ стыдта. Шо- фырьгдзыппыты азылд... цыргъвындз къан- нæг хъама! — Дæттын дын æй! Ма-мæ амар! Мæ усаг куырдуаты ис! — кæуындзæг хъуыры абадт "хуыснæгæн. Иæ фарсмæ Сакъайæн йæ риуыл йæ хъал сæр æрцауындзæг... Иæ тæлтæг æвзаг дзурын нал арæхсти. Æмæ ма адæргæй уазал гæв-гæв кодта. æ
АФТИД ДЫС 1 Лæд искуы дон йæ цæуынæй æрæнцад, уæд абондæргъы Ма- нанæйы цæсты бынтæ дæр басур сты. Дыу- ’уæ цæсты... Ихтæ тайынц. Урсбарц æхсæр- дзæнтæ сæ ратыдта. Цæссыг гæр-гæрæй згъæлы уадултыл, риуыл æмæ цъæх нæу- уыл кæрдæджы хъусы аныгъуылы. Хуры фæстаг тынтæ ма доны уæлцъарыл, фæзтыл сæхи æрбасæрфтой, бæлæсты къа- лиутыл æрцауындзæг сты. Стæй бæрзонд хæхты уæхсчытæй фæстаг салам лæвæрд- той зæххы фырттæн, зæххы цæуæтæн. Хæрзизæр уал... Хæрзæхсæв... Хæрзфынтæ фенут... Тындзынц æрдзы мæгуыр хъæбул- тæ... Мæргътæ—сæ ахстæттæм, сырдтæ — сæ лæгæттæм. Куыстдомд, фæллад адæм здæхынц къордгай быдыртæй сæ хæдзæрт- тæм. Æрмæст Мананæйы зæрдæмæ рухсы цъыртт никуыцæй кæсы. Афтæ йæм зыны, цыма царддæттæг зæрин хур ныртæккæ ны- гуылгæ нæ кæны, фæлæ кæмдæр йæ та- 87
Лыйг риуы мæлУ æмæ æйусмге Дæр /1ЫМ- мынæг уыдзæн. Скæсыиы хъомьк| ын никуыуал ис. Нал ын барухс кæндзæцг йа* фæндаг, йæ райсом. Никуыдæм тындзы Ма- нанæ. Бады æмбисбонæй фæстæмæ Араг- вийы был, фыдæлтыккон бур хъуына кæ- уыл схæцыд, ахæм дæргъæццон цъæх ду- рыл. Знон æрбацыд рынчындонæй. Фæсти- нон у. Йе уæнгтæ цыма кæрæдзимæ хыс- сæйæ æндæгъд сты/ Уæвгæ цæй уæнгтæ, уырнгæ дæр æй нæма кæны. Уый та куыд? Р1æ цæсгом адæргæй йæ армытъæпæнтæй амбæрзынмæ куы фæхъавы, йæхимидæг куы базмæлы æмæ йын йæ иу цонг куы ни- цы баххуыс кæны, уæд æм тынгдæр бахъа- ры бæл’лæхы хабар. Уымæй дæр рахиз... Иæ ныфс, цардимæ йæ арф æмæ æнгом чи баста, скъолайы партæйыл фыццаг хатт кърандасыл кæмæй ныххæцыд. Фыццаг зылын-мылын дамгъæ ’ цы æнгуылдзтæй ныффыста. Цæрæнбонты афтæ бирæ æн- хъæлмæ цы уарзонмæ фæбæллыди... йе стыр æууæнк æм цы къухæй радта, стæй йæ йæ риумæ цы армæй æрбалхъывта, уый нал, ис. Фæзгъæргай ныцци. Сæры магъз талынг кæны. Ныкъкъуымых йæ зонд, йæ хъуыды. Царды бонтæй хуыздæрмæ никæ- мæ уал æнхъæлмæ-кæсы. Се ’ппæт дæр æм зынынц æнтъыснæг, æнæуд, мæрдадзы хуы- зæнæй. Æмæ Арагвийы был гуырдзиаг чыз- джы цæстытыл фынфенæгау уайы хæххон гуырд, ирон лæпп’у. Цæмæн, кæцæй фæзын- ди? Цы хур, цы тымыгъ æй æрхаста цъи- тиджын æфцæджы сæрты? Райсом август æрбалæудзæн. Хуыцаубон. Гакк æвæрд ыл ис. Уыцы бон... Мананæ 88
авдæпæй куы рахЫзти, уæДæй ардæм æМ цæй дард фæндæгтыл фæтырныдта. Иæ рухс хуры скаст æй куы æнхъæлдта. Рай- сом... Цы ныфс, цы хуызæнæй æрбавæрдта йæ къах? Мæйдары куырмæджы какон сындзытыл æрхилы. Арвæй иу æрттиваг стъалы расхъиудта æмæ зæххыл пиллон арты смидæг. Æви ар- вæй æхсидав рахаудта æмæ йын зæххыл йæ хор, йæ кæрдæджы хай басыгъта? Æмæ уайы ныфсдæттæг æхсызгон фынфе- нæгау кинойы нывтæм дардæй кæсæгау ирон лæппу гуырдзиаг чызджы донызылд цæстытыл. Уый уари уыд. Дыргъдоны сæу- уон дидинæг. Цæй цыбыр уыд йæ февзæрд, йæ бахудт. Нæй гæнæн. Алы дидинæг дыргъ нæ ратты. Чи дзы сийгæ бакæны, кæуыл их ныууары, кæй фыдуаг саби сто- ны. Кæй та дзы гомхъуыр хъалсæр чызг йæ дымст риуыл æрсадзы. Мананæ йæ армытъæпæн йæ русмæ хид- хъæдау быцæу сæвæрдта. Кæсы знæт доны æрра уылæнтæм джихæй. Сæр ныууæззау. Здыйау ыл йæ уæз æруагъта. Арвы бын ахæм тых кæм ис, æмæ йын йе ’рфгуытыл хæрдмæ чи схæца?! .Йæ былтæ йын худæн змæлд чи бакæнын кæна? 2 Цæйдæр уынæр, фæлæ цæй, уый йæ мид- фынæймæ нæ хатыдта. Бæхты сæпп-сæпп... Куиты дзæгъæл рæйд æви уасæджы æнæ- мæт уаст. Æрдæбон газет йæ быны кæм æрытыдта, уым фæстæмæ йæ фазыл ра- бадт. Бæрзондгомау обау, кæрдо бæлас... 89
ФалДæр ХæрисУ кьутæртæ. Хъустыл ауаД зарын. Йæ бакомкоммæ къахвæндаг. Чи- дæр ыл рабæлццон. Сылгоймаджы хъæлæс. Бæтаты Тæга къутæры аууон æрныгъуылд. Цæмæн, кæмæй фæтарст?.. Къуылдымæй æрбазынд... Тæга йæ цæстытæ аууæрста. Кæсы. Уый зарыд... Цы зæнгтæ йын ис, цы! Æвæццæгæн, йæхæдæг уыд сæ кæнæг... Пы- лы стæгæй, дзæнхъайау урс-урсид. Джип- пы сæ рауагъди... Хъæддых æмæ тæлтæг. Фæндаджы хъæбæр æрттиваг бур туфлиты къупп-къуппæй йе ’мыдзаг баци. Фæззыгон æнкъард бæгънæг хъæд куы ныссабыр вæй- йы, уæд ма бæрзонд бæласы цъуппæй дæр афтæ ^фæхъуысы хъулон базыр, туасбы- рынкъ хъæдхойы æмыр къуыртт-къуыртт... Сызгъæрин сахат æмæ сызгъæрин къухда- рæн йæ цонгæй хурмæ тæмæнтæ акалынц. .Уыцы тæмæнтæ, уыцы ферттывд цæсты тигътыл сæхи ахафынц. Къухы цъæх- ахуырст цайдан. Зарæджы мырты æхсæнæй йæ дзинг-дзинг бæрæгæй хъуысы. Нарæг сау юбкæ нарæг астæу æрбалхъывта. Сырх кофтæ йын йæ уæздан тасаг гуыр æнгом æрбалвæста. Урс дæллагхъуыры сау фæрд- гуыты ’хал тæлфы. Миты хъæпæны æнгæс цæсгом. Цыма чысыл дæргъæлвæс у. Аив схъæл фындз. Æмхæст сынты базырты хуы- зæн сау æрфгуыты бын сау хъамбул цæс- тытæ. Ехсбыд тар дзыккутæ. Сæ иу фæсон- тыл æппæрст, иннæ разæрдыгæй æрзæбул тыппыртæ риуыл. Уый зарыд зæлланггæнаг уæззау сабыр хъæлæсæй. Бынмæ, æрхмæ æрхызти. Рæ- быны сисамад. Сисы хъæдын цыхцыр. Суа- дон æхснудæны стæвдæнæй згъоры. Цай- 90
дан æм бадардта. Анызта дзы. Стæй æр- бадт къодахы лыггагыл. Йæ алфмабылай- мæ акасти^ æмæ та сабыргай базарыд. За- рыд æмæ зарыд. Цыма зарын йæ мады гуы- бынæй рахаста, хуыцауы хæрзиуæг ын уыд,'афтæ арæхст, афтæ бирæ йæ уарзта. Уый зарыд Тинатин æмæ Нестан Дареджа- ныл, йæ хæхты дымгæйыл, йæ уалдзыгон цъæхдари фæзтыл, сæууон æртæхы фынæй цæстытыл, цавæрдæр хиуаг фиййауыл. Сайд уарзоны кадæг, сæ хъæд, сæ рæгътыл. Уый зарыд йæ хъæбатыр фыдæлтыл. Тæга цавддур фестад. Бандзыг. Цæсты- тæй йæ ныхъхъуырдта, тарсти, уыцы æнгомæвæрд ирд дæндæгты æмæ æры- скъæфхуыз хæмпус былтæй цы кæлæнгæ- нæг мыртæ хауы, уыдонæй искæцы йæ хъусты фæрсты куы аирвæза. Зарæджы цъæхснаг зæлтæ уæлдæфы дымгæйы бар- цыл сæхи бæрзонд спстой. ’Хуры тынтыл, хъазыдысты. Сæхи сыл ауыгътой, æмæ сæ хуры тынтæ бæлæсты сыбар-сыбургæнаг сыфтæртыл, дуртьГл, кæрдæгыл ныхæстой. Сабыргай сыл тадысты... Æмæ цыма уый йæхæдæг иунæгæй нæ зарыд, фæлæ йын хæхтæ, дæлвæзтæ хъырныдтой. Зарæджы мыртæ сиу сты Арагвийы æрра, къуыдипп уылæнты хъазтимæ æмæ сæ æнæкæрон фурдмæ йе знæт урс барцыл скъæфы. Тæга джихæй кæсгæйæ баззад. Циу уый? Фын уыны æви йæ зонд фæкуыддæр. Дæлæ цы ис, дæлæ! Зæд, бæсты бардуаг. Цæй мæгуыр, гæвзыкк æмæ сидзæр уаид дуне, ахæмтæ йыл куы нæ гуырид, уæд. Уæвгæ йын чи цы æмбары, уæд та йæ сæры ты- мыгъ джигулгæнгæ зилдух кæны... *. _«* 91
Йæ цурмæ нызгъорид, йæхи йæм равди- сид, фæлæ куы фæтæрса. Сырддонцъиуау куы ныппæррæст ласа. Р1æ къахвæндагыл фæстæмæ сæгуытау тъæбæртт кæнынмæ куы фæуа. Фæлтау уал æм бакæс. Бæтайы фырт тыччыйыйас дуры къæртт нæудзарæй фелвæста æмæ йæ хъавгæ фехс- ’ та. Куыд раст бахъавыд. Суадоны раз ку- лы йæ тъæпп фæцыд. Чызджы зæнгтæм у*а- зал доны æртæхтæ фæлæбурдтой. Уый фе- стъæлфыд. Фестад. Армытъæпæн ныхыл хурæмбæрзæн æвæрд акодта. Куы обаумæ скæсы, куы фæндаджы ’рдæм. Ничи зыны. Уæдмæ та малы дур смидæг. Ацы хатт до- ны фæрдгуытæ андæгъдысты цæсгомыл. Чызг цайданмæ фæлæбурдта. Цыхцырмæ йæ бадардта, стæй уайтагъд фæхæрд код- та. Тæга йæ фæдыл хъæрæй ныххудти. Къу- тæрты аууонæй фестад æмæ кæрдо бæласы бын алæууыд. — Дуыд тæрсаг дæ, фæлæуу-ма, дæ до- нæй мын авæр,— сдзырдта йæм гæзæмæ худгæ. Уый йæ мидбынаты цæхгæр фæ- зылд. Чи у, сыхаг, хæстæг, зоигæ? Нæ, ни- куы йæ федта. Цы йæ æрхаста, кæцæй æр- бахъыримаг? — Дæ сæр дуканийы æлхæд у? — фæ- тъæнг ласта æнæзонгæ лæппуйыл, йæ цæс- гом туджы къуыбар фестад æмæ фæтæхы. — Хъуыддаг ууыл ахицæн? — хинæйдзаг худтæй дзуры Бæтайы фырт. Уый та фæзылд. Цыдæр игæрхалæн хъылма ныхас базыввытт кæнынмæ хъа- выд, сцæй йæ фæзмыдта, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд æмæ лæппумæ æдзынæг тæргай- Хуызæй ныккасти. О, уыдис, цæмæ дзы фе- 92
мдзас’г уыдаид, уый. Бæрзонд, фæтæнриу, фæтæнуæхсчытыл сау костюм. Мæйы æн- гæс мыдхуыз цæсгомæй æрттывтой æрв- хуыз цæстытæ. Былтæй худæнгæс ничердæм хызти. Бурбын даргъ сæрыхъуынтæ ден- джызы уылæнтау уырынгтæ дардтой. Куыд- ^дæр йæ бынатæй фезмæлыд, йæ къах раз- мæ райста, афтæ йæм чызг фæцырд: — Цыдæр сæрхъæн дæ, æдылы! — æмæ ма тигъы аууонæй Тæгамæ фæзынд, дымгæ йын цы дзыкку фæйлыдта, уый пыхцыл кæрои. 3 Айчы цъары хуызæн лæгъз асфальт фæн- даг Тæгайы хъæуы астæуты йæ фæдыл са- йы. Цæуы, тезгъо кæны. Фысымтæм дæр иунæгæй цы бадт фиды. Иæ зæронд фыды- хойы йедтæмæ дзы ничи ис. Фезмæлынхъом дзы чи у, уыдон боныцъæхæй алырдæм афардæг сты. Ацы хъæумæ фыццаг хатт æрæфтыд. Ничи йын йæхи зоны, никæй — йæхæдæг. Кæдæм рараст и... Афтæ сабыр- гай йæ къах размæ исы, цæнгтæ фæсон- тыл дзуарæвæрдæй. Ныллæггомау агъуыст. Йæ уæлкъæсæр, къæвда æмæ хуры йæ ра- гон хуыз чи сивта, ахæм фыст: «Библиоте- кæ». Йæ фæндаг фæкъæдз. Нæуæндаджы къахдзæфтæй дуарæй бахызти. Кæсæндоны зал. Стъолтæ, бандæттæ, газеттæ, тæрхæ- джытыл, чи нырмыдул, ахæм бирæ чин- гуытæ. Чи кæм, чи куыдæй бадынц чыз- джытæ, лæппутæ, ацæргæ лæгтæ... Шах- мæтты фæйнæгыл кæрæдзипæн хæст чи расидти, ахæмтæ... Бæтайы фырт фыццаг цæуылдæр фæ- 93
тыхст, фындзыхъæлæй хидЫ æрт&Хтаё асæрфта, стæй йæхи бандоныл æруагъта. Иæ къухы куы журнал февзæры, куы га- зет. Бацайдагъ ын бадын. Сахат... Дык- каг... Æрæджиау сæццæйæ аззад, асырх и... Рудзынджы раз стъолы фарсмæ йæ цæ- стытæ андæгъдысты... Куыд æрæгмæ йæ федта! Сырхцъар бæзджын чиныджы кæ- сы. Тетрады цыдæртæ фыссы. Чызг йæ сæ- рыл схæцыд. Лæппумæ хъавгæ æрбакаст. Цыппар æхсидавы, цыппар мондаг цæсты фемдзаст сты. Цыргъ æрцытау æддæг-ми- дæг ауадысты. Чызг Тæгамæ мидбылты ба- худти, стæй фефсæрмы æмæ йæ цæсгом ам- бæхста. Мидбылхудт Бæтайы фырты цæстытыл сасмау аныхæст. Уыцы бахудт цыма ныхъ- хъуыргæ акодта, уыйау ыл сæрæй къахы уырзты онг цавæрдæр æхсызгондзинады зæйы лæсæн райхæлд. Буарыл зынг сирвæз- ти, пиллон суагъта, æмæ йын цыма йæ арт хуыссын кодта, уыйау ыл фæсхъустæй, къæмисæнтæй хиды сахатæ тæрккъæвда- йау разæй кодтой. Тæга сцæйстад... Иæ фарсмæ æрбадид. Кæд сын ныхас ацайдагъ уаид. Къуымты акасти. Нæ, афтæ аив нæу. Тæссаг у. Уæд та ам йе ’фсымæр, йæ фыд, кæнæ йæ хæстæг æрвад бады. Цынæхуызон хабар вæййы. Куы йæм сдзура æмæ искæ- мæ хъыг куы фæкæса. Науæд кæд суцца у, цыбырхъуыр. Йæ хæрзгæнæджы дæр кæд кæлæнгæнæг æнхъæлы. Куы æрбамæсты уа. Цæкуы тæвд къæйыл куыд фесхъиуы, аф- тæ куЫ фестъæлфа. Хъаугъа, загъды хъæр куы стынг уа. Тæга йæ дзыппæй фелвæста блокнот, кърандас. Кърандас гæххæттыл 94
расыг лæгау къæдз-мæдзы къахдзæфтæй асирдта. Гæххæтт чысыл дыдæгътæй хис- тæр æнгуылдзы ныхыйас феггад. Стæй бынуæзты уæлдæфы атахт æмæ чызджы сырхцъар чиныджы тæккæ цур февзæрд. Уыцы уысм Тæга схуыфыд... Чызг æй ауыд- та. Æрбакасти йæм, фæлæ дзыхæй сыбыртт нæ сирвæзти. Цыма уæззау уаргъы бын фæ- тасыд... Сæр бынмæ æруагъта, ныггуы- быр. Бæтайы фырт.æй фиппайдта... Ныфсæр- мы, уадултæ сырх-сырхид цывзытæ феста- дысты. Скæсын нал уæндыд. Цыма йын тыхгæнæг йæ роцъойы бынмæ удхæссæг бомбæ бассыдта æмæ йыл ныртæккæ фе- хæлдзæн. Æд бандонæй сæрсæфæн былæй ныззыввытт ласдзæн. Кæд æй исчи ауыд- та? Йæ хъæуккæгтæ, зонгæ адæм сты. Сæ дзыхы цы уромынц... Æнæзонгæ уазæг, цæй дзæгъæлкъух дæ!.. Чызг йæ гуырыл цадæггай схæцыд. Гæх- хæтты гæппæл... Фæстæмæ йын æй йæ раз- мæ баппарид? Нæ, уæд та циу, цы фыст дзы ис? Цард-цæрæнбонты дæр йæ зæрдæ йемæ дзурдзæни. Кæд сайæн къæппæг у, цъысым? Куыдтæ уæнды искæй бæсты? Æндæр исчи йын афонмæ алывыд, алы цыфыддæр хъылматæ акалдтаид. Чызг ба- змæлыд. Иæ быны къæлæтджын бандоны къæс-къæс ссыд. Сыстад. Стъолмæ æркас- ти. Æнгуылдзтæ зыр-зыр кодтой. Тæгайы гæххæтмæ фæлæбурдта. Чиныджы дыда- гъы йæ ацавта. Дымгæйау цæсты фæны- къуылдмæ фæаууои дуарæн æддейæ. Лæп- пу фæллад хуымонау йæ цæнгтæ фæйнæ- рдæм æхсызгонæй айвæзта. Цыма йæ ад- 95
джын карз фынæйæ æрыхъал æмæ арф ныуулæфыд. 4 Æвæццæгæн, тохы быдыры йе знагмæ уацары куы бахаудтаид, æмæ йæ мадзура тызмæг салдат æхсынмæ куы рацæйкодта- ид, топпы талынг дзыхмæ куы ныккастаид, уæддæр йæ зæрдæ фырадæргæй йæхи къул- тыл афтæ пæ хостаид... Риуы фæйнæг тыд- та æддæмæ. Агуырдта фæндаг кæдæмдæр, талынг цъассмæ. Фæлтау Тырсыйы æфцæ- гыл æккойæ цæххы дуртæ хæсс. Цæмæн?.. Цæмæн æй хъуыд?.. Æнæ сыстгæ дзы хос нæй. Фæлæ зæнгты магъз нал баззад. Ба- дон. Тутт хиталджытæ фестадысты. Цæнг- тæ... Æнгуылдзтæ... Кæмæйдæр сæ æфстау райста... уæлдай дзаума. Цы сæ фæкодта- ид, уый нал зыдта. Цæстытæ... Тъæбæртт цæстытæ... Алцæмæн æцæг æвдисæн уыдон ныллæууынц. Хабархæссæг уыдон сты. Ис- куы мысты хуынчъы фыртас, фырæфсæр- мæй абырыдаиккой. Уæддæр ма сын уæл- тъыфæлттæ кæй ис! Уыдоны бын ма сæхи амбæхсынц. Æмбæхсгæйæ нал уыд. Æрба- зынд, æрбацæуы, æрбаввахс йæ цъæх цай- данимæ уыцы чызг. Тæга суадоны цур уы- рыдæй бадти. Æргъомхæссæгау æнæбары, дзойтæ-цудтытæгæнгæ сыстад. Æгъдаумæ гæсгæ иуварс алæууын ницы хъыгдары. Цæджындзау æй садзгæ ныччынд... Иæхи къæхтæ нал уыдысты. Хъæдын къæхтæ йæ коммæ нал кастысты. Тамако дымæг нæу, фæлæ æрдæбон дуканийы бапъирозты къопп балхæдта. Афтæ уæддæр... иуæй-иу хатт, Иу дзы фелвæста. Зынг ыл бафтыд- 96
та. Æвæлтæрдæй хъыхъхъаг æнуд фæздæг йæ хурхыуадындзты фæбадт. Лæппу стых- сти. Хуыфы, пыррыччытæ кæны. Цæсты фæлгæтæг донæй айдзаг и. — Дæ бон хорз! — сабыргай, зæхмæ кæс- гæ былтæ базмæлыдысты, йæ сæр батылд- та чызг. — Æгас цу!—куыддæр фæкъæзæнæг Бæтайы фырт, цайданджыиы къух гуыми- ры æлхъывд ныккодта... Загъта йын йæ ном, йæ мыггаг. — Мананæ Гигия! «Маианæ Гигия»... Тæга йæ й’æхи нымæр дзырдта, цыма уыцы ном æмæ мыггаг æм- дзæвгæ уыди æмæ йæ æнæкæсгæйæ ахуыр кодта. Цæмæй сæ макуы ферох кодтаид. Цы дзура ныр? Цы хуызы райхала йæ комбаст? Куыд уæззау... Куыд ницы æмба- ры... Фæлтау куы нæ æрцыдаид. Сæры кæхцæй хъуыдытæ кæдæмдæр былæй агæпп ластой. Марадз æрцахс сæ. Нæ сын барц ис, нæ дымæг. Цæуыл ма дзы ныххæца. Ахæм зæд, ахæм æхсинæджы раз... Ай бæ- сты Къоб æмæ Ухаты къæдзæхтæ йæ уæхс- чытыл сисыныл сразы уаид. — Тыпг мæм смæсты дæ, Мананæ? — сирвæзти дзы табугæнæгау. — Нæ зонын, хорз нысан ссардтай. Куы мæ дурæй зыввытт кæныс, куы гæххæт- тæй,— асырх и Гигия йæ къæхты бынмæ кæсгæйæ. — Омæ... афтæ дæр вæййы... Йæ риуы цы къаннæг дзыпп уыд, уырды- гæй Мананæ гæххæтты гæппæл фелвæбта. Тæгамæ йæ балæвæрдта. — Кæннод загътаис, цыдæр хъал æмæ 7 Æууæнк 97
æнæфенд адæймаг у. Стæй ардæм мæн хо- нын нæ хъæуы. Къахихсыд æм куы ба- дæн,— ризгæ тыхст хъæлæсæй сдзырдта чызг. Лæппу гæххæттмæ æркаст. Знон кæй фыста... «Райсом-иу уыцы суадоны цурмæ рацу. Диссаг дæм ма фæкæсæд. Ныхасмæ дæ де знаг куы агура, уæддæр-иу ма базивæг кæн. Афтæ мын амыдта мæ фыд...» Æмæ фæ- зынд Мананæ. Исдуг фæсæццы сты. Æнæ- сыбырттæй æгомыгæй сыл згъордтой дис- саджы минуттæ. Чи сæ тæрсгæ кодта, чи тыхсгæ... Гигия донгарз хæл-хæлгæнаг цых- цырмæ бадардта... — Иубон дæр дæ дон куы хъуыд, аназ!—лæвæрдта Бæтайы фыртмæ цайдан мидбылты худгæ, бакæсын æм нæ уæндыд, афтæмæй. Лæппу фæцырд. Мананæйы зæр- дæхъыдзыгæнаг хъарм бахудт уазал дони- мæ анызта. Дарддæр цы кодтаид, нæ йæ хатыдта. Æмæ йæ армыл цы æртæхтæ аззад, уыдон чызджы рустыл бапырх кодта. — Оу-уа, уый та куыд!. — Цæй, цы дын уыди! — æмæ хъуыди, нæ хъуыди, цайданы дон Мананæйы хъуы- рыл бацъыкк ласта. — Дæ æгъдау уæй акодтай?!. Чызг лæппуйы къухтæй йæ мигæнæн ра- тыдта. Кулы йæ фæтъыста. Басæххæтт ыл æй кодта. Лидзынмæ куыд фæци, афтæ йæ Тæга йæ дзыккутæй ацахста. Цайдан суа- донмæ бадардта... Гигия йæхи ивæзта, цав- та йæ... Фæлæ уæдмæ йæ сæрыл фондз- ыссæдз тæдзынæгæй æрсаха... 98
Цæсты фæныкъуЫлДмæ ныддонласт. Бае* тайы фырт та донмæ æргуыбыр. Чызг æй фæсте размæ фесхуыста. Цыхцырæджы раз егъау арф малы дæлгоммæ скуыси. Хæфг сау йæ тъыбар-тъыбур ссыд. Сахагæнгæ фестад. Уæдм’æ Мананæ сæгуытау нытъ- тъæбæртт ласта. Тæга ма уæлбылмæ йæ фæдыл стахт. — Райсом дæр та-иу рацу! Хъæуы ма дæ! — смæстæй мардта лæппуйы æмæ кæл- кæлæй худгæ, уæлвæндаг бæрзонддæр цы хæдзар уыд, уым смидæг. 5 Нæ йæ æмбары, цы дзы йæ зæрдæмæ фæ- цыд. Иæ зараг хъæлæс, йæ æфсæрмдзаст мидбылхудт, пылы стæгæй конд зæнгтæ, йæ тæлтæг уæнгты змæлд... Æви йæ доны кæй судæста? Бæргæ, уыцы фæлмæн къух- тæй йæ æнæбын фурдмæ дæр куы ныззыв- вытт ласид. Цы бæмбæджы хуызæн уырз- тæ йын ис! Нæ йын фæриссид, нæ сæ фæ- тæрсид. Сæрдыгон гæппыбæрц æхсæв æнусы дæр- гъæн ныцци. Рæстæг ныууоцани. Сынтæг йæ къæс-къæсæй нæ æнцайы, Тæга та — йæ рафт-бафтæй. Йæ хуыссæг, йæ æхсæв ныс- суйтæ. Уыцы æнæбын арф цæстытæ, цай- даны дзыгъал-мыгъул ын байстой йæ хуыс- сæг. Арвыл ын æй æрцауыгътой. Æмæ гом рудзынгæй. йæ цæстытæ ныуурс сты ихы къæрттау æгомыг уазал стъалытæм, был- къахыр фæлурс мæймæ... Фæлурс, цыма йæ тъæнджы мæйы тымыгъ фæныхъуыры 99
&мæ фырадæргæй йæ ахуырст, йæ хуыз фæцыд. Чи зоны, афонмæ уыцы гуырдзиаг чызг дæр æбæрæг сагъæсты æнæсæрфат дзæгъæл ныцци. Джихтæ кæны, цæстытыл бандæгъ- ди æнæзонгæ ирон лæппу — Тæгайы хуыз. Кæд фыдæхсæв фæци? Сæр базыл сæдæ! хатты æрзылдта. Мидхъуырдухæнæй пыу- улæфы. Ехх, уæлæ цæхæрцæст æнæмæлгæ стъалытæ, æнусты бæлццон мæй, цырагъ- дарæгæй куы базæронд стут мæйдар æх- сæвты... Изæрмилтæй дард кæркуасæнмæ. Бакæсут ма йын йæ уатмæ гом рудзынгæй, йæ дуары зыхъхъырæй. Уæ фæлмæн хæрд- гæ тынтæй йыл атыхсут, схъазут йæ ирд цæсгомыл. Мадагур сабийау æм баузæлут, кæд уый дæр бахудид. Æмæ айдæнау уæ рухс фæлгонцыл кæд йæ рухс цæсгом Тæ- гамæ ферттивид, фæзынид. Кæд йæ æнæ- нцрй зæрдæйы æрфысым кæнид сабыр фын. Æфтуанхъæдыл бадæгау иу уысм карчы фынæй авæййы. Мананæ февзæры йæ ра- зы. Ихджын доны ведра йын йæ рустыл басæххæтт ласы. Кæл-кæлæй фæтæхы æнæбарц дымгæйау. Бæтайы фырт æй су- ’ ры... Фæцæй йæ ахсы, мæнæ дæ, мæ къух- ты... Цæстытæ тыбар-тыбургæнгæ дзагъы- рæй аззайынц. Никуы æмæ ницы. Афтид къулты йедтæмæ йæ алыварс змæлæг, тæл- фæг нæй. Арвы кæрæттæ дзир-дзур рай- дыдтой. Мæлæтдзаг æхсæв æмæ иоггуыргæ бон кæрæдзийæн куывтой сæ сæртæй. Уа- сæджы фæдис хъæр -æмæ сæуæхсид кæцæй- дæр комы тар дæлвæзтæй сæ дард балцæй здаёхтысты. Кæмдæр бæрзопд æфцæгыл ба- иу сты. - Сæ иу се ’ннæуыл тыхсти. Сæ иу 100
се ’ннæмæ бадардта йæ уæхск, йæ дæларм. Æмæ Тæга дæр сæууон ирдгæйы знæт ба- зыртыл тахт æнæзонгæ фæндæгтыл кæдæм- дæр. Йæ хъарм фæлмæн хъæбысы йæ карз фын æрбатыхта. Аходæн афонмæ йæ дзæ- гъæл рафт-бафт кæнын нал суагъта. Иæ сыстадмæ фысымты фынг уыд цæт- тæ. Уый циу? Фыццаг хатт ыл æрцыд ахæм хабар. Къæбæр дзыхмæ сисы, фæлæ зми- сæй хъауджыдæр хъуыры нæ хизы. Сой- джын бас хъæдын уидыгæй размæнт-ба- змæнт кæны. Цъымарадоны хуызæн -æм фæкæсы. Уидыджы цæлхъ фæстæмæ къусы фæцæуы. " Йæ зæрдæ æхсайы æддæмæ, уынгмæ... Тагъддæр. Йæ уд кæмдæр баззад æмæ уы- мæ тындзы. Фæлæ кæм? Кæй дзы бафæр- са? Тыхсы, цыма йæ урс фосы дзугтæ къæв- да бон мигъы ныдздзæгъæл сты, уыдон агуры æмæ сæ нал ары. Рахызти уынгмæ. Фæндаг æй ногæй сайы суадонырдæм. Иу- бон Мананæ цы хæдзары фæмидæг... Уæлæ фæндаджы галиуварс. Кæрдг& дурæй амад уæладзыг. Йæ алыварс — сындзын телæй быру. Мидæгæй — кæрт, бæлæстæ... Цæуы. Уыцы минут зæххы скъуыдæй сбырыд... Чызг февзæрд кæрты астæу. Йæ армы хъæ- дын сау сивыр. Фæйнæрдæм сидти. йæ хъæрмæ алы къуымтæй фæдисæттау тахты- сты хъазтæ, бабызтæ, уасджытæ, цъиуджын кæрчытæ. Мананæйы сæ астæу скодтой. Чн дзы йæ хъæбысмæ хылди, чи уæхскмæпæр- рæст кодта. Калдта сын хор. Чысыл æддæ- дæр бал бæласьг бын фæйнæгæй арæзт ныллæг бандон. Æрбадти йыл, фестад. Хæ- дзары рæзты сарамæ бауад. Тæга æддейæ 101
мидæмæ кæсы. Йæхи дзуццæг æруагъта, цыма хуыснæг у æмæ сын сæ хæзнатæ кæм æвæрд сты, уый бæрæг кæны. Искæй кæрт- мæ афтæ багудзи нæ æмбæлы. Сывæллон ма куы уаид, уæддæр цы нæ ис. Уæд’та йæ исчи федта. Цы йæ схондзæни? Афардæг уаид? Æмæ йæ куы никуыуал фена. Мидæмæ бахизид... Цы зæгъдзæн, уæд та сæм хæдзары исчи ис. Маст, фыд- былызæй лæджы раз цы нæ сæвзæры. Цæй, адæймаг никуы федтой? Фестад. Кæрты уæгъд дуарыл дымгæйау фæмидæгæй. Кæ- цæйдæр Мананæйы уынæр ссыд. Куы йæ раййафа! Кæнæ йыл искуыцæй хъыхъхъаг хъуынджын куыдз йæхи куы. рауадза. Сы- хæгтæ хъæрахст куы самайой. Къæхты гы- бар-гыбур... Бæтайы фырты исчи зæххæй фелвæста, æви йыл базыртæ базад? Фал- дæр цы тута бæлас уыд, уый бын февзæрд, гæдыйау йæ сæрмæ ссæррæтт ласта. Са- джилæджы æрбадти. Галы æвзаджыйас мингай цъæх сыфтæртæ йæ сæ ауубн æр- батыхтой. Урс тута йæ тæккæ рæгъæдыл у. Дзыхы дзы баппары. Æдас нæу. Тасдзинад æмбары. Уæрдæхау ыл здыхсы. Фæстæмæ цы хуызæнæй аздæхдзæн, хæйрæг йæ зо- нæг. Къулыбадæгæн лæппутæ йæ хæрæнтæ арæх æрдызгъуымтæ кæнынц. Æнæхонгæ уазæгыл сæхситт дæр æмбæлы. Уæртæ фæ- зынд Мананæ. Йæ разгомыл урс раздарæн. Къухы — бел, бæрзæйбыд ихсыд уисой. Цы кусынмæ хъавы? Йæ тæккæ бакомкоммæ скъæт. Фæмидæг дзы ис. Къæйдзарыл æф- сæйнаг белы зæлланг фæцыд. Уисойы цæр- дæг хыртт-хыртт. Æд фаджысы белгом уæззаугай рацыд. Дурæй амад æмбонды 102
сæрты йæ фалæрдæм фехста. НодЖы дæр... Фездæхти... Стæй та нбджы. Зæд кæй хуыдта, хуыцауы чызг, уый се скъæты фо- сы бынтæ куы мæрзы! Тæга афтæ æнхъæлд- та, духи æмæ пудыры тæф йедтæмæ никуы иицæмæ басмуды. Цард æцæгæй цæй смаг кæны, уый æмбары... Лæппу йæм касти... Каст... Иæ цæстытæ ма дзы куыд атыдтаид, уый нал зыдта. Фезмæлын нæ уæнды. Рæстæг згъоры. Куы йæ фена! Цы хуызæнæй йæм ракæсдзæни? Куы йæ асура! Хъæр, цъæхахст, алывыд... Старсти. Фæлтау... Цæмæн æй хъуыд ахæм æнæрхъуыды къахдзæф? Мананæ йедтæмæ ам змæлæг нæй. Уæд дзы афонмæ исчи зы- нид. Иæхи йæм раргом кæнид! Кæдмæ баддзæн бæласы къалиуыл æм- бæхстæй? Тутайы гагатæ ратыдта. Фехста сæ... Иу хатт ма... Æртыккаг дæр. Чызгæн дзы иу йæ гом цонгыл баныдзæвд, ин’нæ йæ зæнгыл./. Уый йæ мидбынаты сагъда- уæй аззад. Исдуг аджих. Алырдæм знæт- хуыз, хъæцциццæй акасти. Æввахс ничи ис. Уæдмæ та тутайы рæгъæд гага йæ гом дæллагхъуырæн -— тъæпп... Фæпырх. Урс буарыл бурбын стъæлф фæуагъта. Тæга базмæлыд. Сабыргай схуыфыд. Уайсадæг чындзытау сыфтæрты сыбар-сы’бур ссыд. — Чи дæ? Цы æрсырдтай?—сдзырдта чызг æмæ бæласы бынмæ бауади. Лæппу асырх и. Хорзау нал фæци. Цы хъуамæ зæгъа, ам цы агуры? Æрхъуыды- йы мадзалæй йæ сæры ницыуал аззад. Дымгæмæ йын сæ сдарди. Уадултæ, роцъо æнæсæрфат змæлд кодтой. Цыма туджы тæрхоны’ раз æрлæууыд... 103
— Дæлимон! Кæцæй, цУ дæ æрбахаста ардæм! — йæ армытъæпæнæй цæстытæ ам- бæрзта Мананæ. — Мæ къæхтæ... Бахатыр кæн... Сурыс мæ! — ныфсæрмы Бæтайы фырт, цыма йæ искæй дуæрттæ сæтгæ баййæфта, уый хуы- зæн. — Нæ хæдзар, нæ кæртæй уазæг асургæ никуыма федтон,— бахудти Мананæ. Уыцы бахудт, уыцы!.. Цыдæр сусæг тых дзы ауыдта. Урс дзæнхъа дæндæгтæ. Фæл- мæн былтæ... Æнæбын малау, уыцы уæрæх цæстытæ!.. Мин хуры сæ ратахти. Æмæ дзы Тæгайыл мин фæлмæн зæлдаг хауы атыхс- ти. Зæрдæйы саджил хъуыдытæ, уæззау мидхъуырдухæн, дызæрдыгдзинад доны фынчытау цыдæр æрбаисты. Тас цæсгомыл фæдæлдзæх. Бæтайы фыртæн йæ æгъдау, йæ æфсарм йæ туджы цавд сæ гаччы ба- дынмæ фесты. Уайтагъд зæхмæ йæхи æр- уагъта. Фысымы къухыл йæ армытъæпæн æрбатыхта. — Мидæмæ! Æмæ Тæга æнæзонгæ къæсæрыл уæззау- гай хъавгæ бахызти. * * * Гуырдзиаг чызг. Йæ фыдæлты хæдзар. Къултыл персайнаг хъулон гауызтæ. Къæ- сæргæрон дыууææхстон хæцæнгарз æдгил- дзыты хъатара — цæхгæрмæ ауыгъд. Къул- тыл стыр хуызистытæ... Лæгтæ, устытæ, са- битæ... Хионтæ, хæстæджытæ... Рагон æвæрд пъолæн йæ фæйнæджытæ базыхъ- хъыртæ сты. Ирон лæппу бады дæргъæй- 104
дæргъмæ фынджы у&лхъус. КъахеТаг сырх сæн, карчы фыд, фысы дзидзайæ хъæбын- тæ... Сæ фæздæг кæлы... Сулæфæнтыл æх- сызгонæй баныдзæвы. Цæрдæг æфсин бас- гуыхти Мананæ. Йæхи йедтæмæ ам ничи» ис. Иæ мад дуцæг у, фыд — хъомгæс. Фал- лагварс фермæйы вæййынц. Чызг æмæ лæппуйæн бацайдагъ хъæрмуд, лæгъз ны- хас. Се ’знæт митæ хæйрæджы хай фесты. Бадынц. Рæстæг згъоры. Уазæг æмæ фы- сым дзырдтой кæрæдзийæн. Мананæ цал- дæр азы размæ каст фæци Калачы музы- калон техникум. Кусы сæ хъæуы скъола- йы музыкæйы ахуыргæнæгæй. Тæга — къо- баг лæппу. Йæ фыдыхо ам цæры, Гуырдзи- аг лæг ын ис, колхозы пълотник. Фыццаг хатт сæм æрфысым кодта. Уыдон Мана- нæ хорз зоны. Æртæ азы æфсады уыд. Уый фæстæ студент. Каст фæци Мæскуыйы эко- номикон институт.. Чи зоны йыл не ’ууæн- ды; Риуы дзыппæй цъæхцъар диплом фел- вæста. Мананæмæ цыдæр цымыдис фæкас- ти. Йæ къухмæ йæ айста. Тæгамæ циндзæ- стæй фæкомкоммæ. йæ сæр æм хуыцауæн кувæгау хæлæджы тылд бакодта, ома, хорз фесгуыхтæ. Стæй йæм йæ нуазæн авæрд- та. Уыцы къухтæ, уый армæйдзаг! Марг дæр сæ райсдзæни. Сырх сæнæй анызта... Антысти йын дзы. Цæсгом бацывзыхуыз. Лæппу уаты рæбинаг къуыммæ рагæй дары йæ цæст. Уым пъолыл æгомыгæй лæ- зæр’ы пианино. Цавæр æрмдзæф ын ис Ма- нанæйæн? Тынг зæрдæбынæй йæм байхъу- сид... — Дæ хæцæнгарз кæд нæ сызгæ, уæд ма дзы ацæгъд,— ацамыдта чызгæн уазæг. 105
— Куы мыл фæхудай,— фæкъæмдзэестыг и фысым. Къобаг æм ныххатыдта. Чызг уæлдай ни- цыуал загъта. Иæ бандон йемæ айста æмæ йыл хъавгæ æрбадти. Арф ныуулæфыд. Сæр фæгуыбыр и, цæнгтæ фæйнæрдæм фæ- хаста. Стæй æнгуылдзтæ пианинæйы хъæл- тыл къахкъухтыл кафæгау сæхи æртъæпп- тæпп кодтой. Агъуыст цæсты фæныкъуылд- мæ зарæджы мыртæй байдзаг. Иу мотив иннæйы ивта. Гуырдзиаг зарджытæ, уырыс- саг, сомихаг, Бетховен, Шопен, Лист, Чай- ковский, Глинкæ, Мурадели... Цагъта æмæ цагъта. Иæхæдæг дæр сын хъырныдта... Йæ астæу-иу куы галиуырдæм атасыд, куы — рахизырдæм. Уазæгмæ-иу саби сы- вæллонау бынты хъуызæг^ау бакаст, бахуд- ти æмæ та-иу йæ цæстытæ амбæхста. Уыцы бахудт Тæгайы буары сæрæй къахы ных- тæм цыдæр æхсызгон хъыдзыгæнгæ афар- дæг; йæ нуæрттæ, йæ цонджы æлхуитæ-иу фæхъæддых, фæтынг сты. Сфæйлыдта-иу йæ туг, , æддæмæ фæдисонау, фæндаг агуырдта. Зарæг йемæ æрхаста хъæбатыр- ты таурæгъ. Зарæг дард кæцæйдæр гуы- рын кодта сагъæс æмæ маст. Æрхæндæг зæлтæ æмæ зæрдæйы нуæрст цæхæрыл арт æфтыдта... Манаиæ зарыд... Йæ нæргæ хъæлæсæй- иу æй мигътæм систа. Тæга аныгъуылд йæ раг-дунейы... са^би фестад. Цин кæны цæ- уылдæр. Цины уылæнтæ йæ сæ фæлмæн бар’цыл сабыр узгæ арвмæ систой. Арвæй дун-дуне суыдта æмæ йæ йæ хъæбысы æр- бакæнынмæ хъавы. Уыцы тæлтæг æн- гуылдзтæ... Дзæнæтмæ фæндаг гæрстой... 106
Æнусон дзæнæтмæ. Музыкæ-иу сабыргай æрныллæг. Цырын арт куыд æрцæйхуысса, афтæ. Фенцад, бамыр-иу... Уæд-иу Тæга- йæ мидæгæй цыма цыдæр фескъуыд. Но- гæй та-иу фæбæрзонд, фæцъæхснагдæр... Дарддæр... Уый адджын фын у... Сæдæ азы йæм хъусынæй нæ бафсæдид. Уыцы кæлæнгæнæг къухтæ, уыцы арт æмæ цæс- сыгтæ абузæн хъæлæс... Музыкæйы уæздан хæрз сабыр зæлтæм Бæтайы фырт афтæ ныхъхъуыста, æмæ цы- ма йæ уд уæлæуыл нал уыд, фæлæ кæмдæр таурæгъты æнæмæлгæ дзæнæтмæ бахауд. Агъуысты уæлдæф æм цины денджыз фæ- касти. Денджызы æнæ аленкгæнгæ нæй. Йе уæнгты æрвон тых бацыд... Сыстад, цы- ма йæ зилгæдымгæ йæ бандонæй систа... Æви йæ Мананæйы хингæнæг хъæлæсы уа- дындзтæ фурды уылæнтау се ’взист бар- цыл фелвæстой... Цалдæр къахдзæфы... Чызджы фарсмæ йæхи æруагъта. Бадти къæппæджы бахауæгау. Йæ цæстытæ йæ- хицæй нал уыдысты. Чызджы алы фезмæл- дыл æндæдзынц. Йæ бартæ йын байста. Хъуыды йæ коммæ нал кæсы. Стæй ма йын сырх сæн æмбал дæр ис. Ныфсдæттæг. Ма- нанæ зарыд... Æмæ Тæгайы уæнгты мии тыхы æвзæрын кодта. Тых цы фæкодтаид, кæм æй æрæвæрдтаид? Уайтагъд ын бынат ссардта. Домбай цæнгтæ хæххон цæргæсы базыртау фæйнæрдæм айвæзтысты. Стæй Мананæйыл æфсæйнаг архъаны цæгтау дзуарæвæрдæй æртыхстысты. Пианино фæсыкк и. Хæдзары къултæ æмыр, æдзæрæгæй аззадысты. — Куыд мæм уæндыс? Кæм сахуыр дæ 107
ахæм митыл! — фæтъæнг ласта чызг. — Цæй, калм дыл нæ фæхæцыд, Дæл- гоммæ сынкъ дæ, февнæлд дæм куы нæ ис! — ныхкъуырдæй бакаст лæппу чызгмæ. Бакаст æмæ дзы ауыдта, дыууæ сау кал- мау кæрæдзи æддæг-мидæг ауайынмæ чи хъавыд, ахæм пиллонуадзæг пысыра æрф- гуытæ. Сæ бынмæ та фыдæхы арт кæм ссыгъди æмæ сæхицæн аргъ кæнын чи зо- ны, ахæм æнæуынон туджы æвдылд цæс- тытæ. Цæстытæ нæ, талынг хæстон æмбæх- сæнтæ фестадысты. Ныртæккæ сæ пулеме- ты зынг байгом уыдзæн. — Дæ дзуарæфтыд ус дæн! — æмæ йын дуар фегом кодта. 6 Тæга йæ цонг йæ роцъомæ цæджындзау быцæу сæвæрдта. Бады æнкъард, æрхæн- дæгæй. Йæ сæр йæ кой сси. Цалдæр боны фысымты кæртæй уынгмæ нал рахызти. Цы бæрæг ис, кæд Мананæ йæ дзыхы ни- цы баурæдта. Æвæццæгæн æй искæмæн- ты ацит-цит кодта. Æмæ йæ иу иннæйы хъусты бацагъта. Уæд ма адæмы астæумæ цæй цæугæйæ у. Разæй-фæстейæ йыл былы- счъилтæй худой. Æгас мæйы хъауджыдæр знон æмæ абон боныхъæд цæхгæр фæфæлдæхти. Уары. Хæхтырдыгæй арв æмæ зæхх кæрæдзийæн хæст расидтысты. Æхсæвидары нымæтау ныттар, ныхъхъылма ис. Тæгайы ныкком- коммæ цæугæдоны ирдхуыз бур лакъон райдыдта. Донгуыроны хур рæстæджы цас хуыр, цас сакъадæхтæ уыд... Кæмдæр ма дзы иугай стæм хъилдуртæ бæрæг дары. 108
Иннæты йæ быны æрцыуæрста. Къæвдаза- маны сызнæт вæййы. Уалдзæджы аппæрста хид дæр. Иæ могоры дуртæ баззадысты цы- дæр сидзæрхуызæй. Уыцы афон фаллаг фарсæй бæрзонд оба- уы рæбынты æрбазынд трактор. Цæф кал- мау былмæ æнæбары æрбахылди. Стæй фæлæууыд, йæ хъæр фæмынæг: Чидæр дзы йæ сæр æддæмæ радардта. Амбæхст. Но- гæй та автоматæй æхсæгау йæ гыбар-гы- бур ссыд. Цæугæдоны фæкуыси. Донæн цыма йæ риуы кард ацавдц.-Иæ пæллахъхъ райхъуыст, йæ сыф-сыф... фырмæстæй. Цы- ма дзы тæрсгæ фæкодта, адæргæй сæргой æрбаци æмæ цыма исчердæм лидзынмæ хъавыд, уыйау цæлхыты бынæй лакъондон цыхцырджытæй хæрдмæ фесхъиудта. Фынк калгæ урс фæрдгуытæй алырдæм тахти. Урс фæрдгуытæ цыма стыр фыдбылызы артдзæстæй раирвæзтысты, уыйау æддæ- дæр æнæмæтæй дбны тæлфаг хъæбысы, йæ фæлмæн дæллагхъуыр ныгъуылдысты. Трактор йæ мидбынаты схуыр-хуыр, схуыфæгау кодта. йæ хурхы нарæджы цы- дæр фæфидар. Фырхуыфтæй цыма йæ цæс- тыты йæ цæссыг фæбадт, фæндаг нал уыд- та, размæ аггуырсын нал зыдта, уыйау мидхъуырдухæн кодта. Базмæлыд та. Фе- схъиудта, цæуылдæр фæкалд. Æрбамæстьг. Мæсты тъæнг-тъæнг та байдыдта. Кæмæ- дæр лæбуры топпæхсæгау. Чидæр’ æй ир- гъæвы. Йæ дымджытыл ын Донбеттыр æр- цауындзæг. Нал ын æнтысы размæ. Лæсы æнæбары. Куыд быры, афтæ уылæнтæ йæ хъуырмæ, стæй фæстейæ йæ лафеты фæрс- тыл ’ хилынц. Сонт хыр-хыр та дзы рай- 109-
хъуыст. Чидæр ын йæ тъæнгтыл алмаситæ ауагъта. Фæдис! Тъупп-тъупп... ныллæу- уыд. Сæгхуыз фæздæг трубайы хуынкъæй хæрдмæ лæбуры. Кæд ыл арт сирвæзти? Уæд зынг ныххуыссын хъæуы. Фæдисон никуыцæй зыны. Знæт уылæн- тæ йæм бавнæлдтой сæхæдæг. Кæмтты дон, хæхты цъититы лæсæнтæ нырыонг кæмдæр арвы дæлбазыр æмбæхст уыдысты/ Æвип- пайды саудалынг адардта доны уæлцъар, боныхъæд, йæ быны йын цыргъ хъил фæ- тъыстæуыд. Сæрра, ссæлхæр, сдудгæбон. Арв нæры. Нытътъæнг ласы. Дзæгъæлдзу пичъисæр дымгæ къæвдайы саха скъæфæн- тæ кæны. Бæстæ сæх-сæх сси. Трактор — доны астæу. Хивæнд бæхау ныууоцани. Иæ хицау ма йыл архайы. Рацæйæггуырсы куы размæ, куы фæстæмæ. Нæй, уæгъды тухæнтæ. Дон былгæрæттæй рахызти. Нæу- дзармæ ракалди. Мæсты æмæ тызмæг у. Додой йæ къона, сар йæ сæр кæны йæ раз- вæндагыл чи фæцæхгæрмæ уа! Бырсы, ивы- лы. Минутæй-минутмæ фылдæр-фылдæр кæны. Сæрра ис... Ссæнды размæ. Ацы трактор цы смæрддаг йæ фæндагыл, цæ- мæн æй хъыгдары. Анцади йыл. Йæ ныхмæ скодта йæ куыст. Фæфæрсыл и. Тæгамæ кæй- дæр бæллæх нырма ныр бахъардта, йæ бадтæй фестъæлфыд. Фæхъæддых сты цæнгтæ. — Бабын тракторист! Фæлæ нæ, уайтагъд дыууæйæ сбырыды- сты донæй. Цæсты фæныкъуылдмæ лафет- мæ батæррæст ластой. Йæ тигъыл ын ных- хæцыдысты. Райхъуыст хъæумæ сæ хъæр, се ’хситт... Къухты удаист тылд. Тæрккъæв- 110
да адæмыл сæ хæдзæртты дуæрттæ æхгæ- ны. Зын у къæсæрæй сæр радарын. Лафет дæр фæфæлдæхт. Иу фарсыл хъенæй баз- зад. Нæ фæбынæй сты? Дыууæ дæр алæу- уыдысты йæ фарсыл..Райхъуыст сылгойма- джы зæрдæхалæн цъæхахст. Удуæлдай фæ- дисыхъæр. Доны былгæрæтты чидæртæ фæ- зынд. Тæссаг ивылды бассæндын хъæуы. Хуымæтæджы дзолгъо-молгъо. . Уæзласæн машинæ былгæрон февзæрд. Шофыр ра- хызти. Дæрддзæф æрлæууыд тæфæрфæсгæ- нæгау. Ницы. Устытæ, чызджытæ оргъоцъи кæнынц. Кæй адзал- æрхæццæ/ чи сты, уый дæр нæ зонынц. Бæрзондгомау нæлгоймаг йæхи донмæ басхуыста; нæй, хуымæтæджы. Уайтагъд фæстæмæ йæ уд æфснайынмæ фæци. Тæгайы уæнгты арт ссыгъд... Уый та куыд? Чидæр ын цыма йæ быны æфсæйнаг лом фæцавта, стæй йæ зилгæ дымгæ хæрд- мæ бумбулиау фелвæста... Æгъгъæд дын у мæрдадзы бадæгау... Дæ фындзы бын фыд- былыз, тугтæригъæд. Ацы минут кæйдæр цард йæ царды тæмæны скъуыйы. Фæдисы заман сæм никуыцæй зыны фæдисон. Алы сæрд Ногиры куы æрвыстай дæ рæстæг. Терчы кæсагау куы сахуыр дæ ленк кæнын. Бакуйы æртæ азы æфсады. Хъаспийы аку- лæйау куы цъелф ластай. Бæтайы фыртыл базыртæ асагъди. Тæх- гæ кодта æви цæугæ... Хъомпал адæмы ас- тæу фæкуыси. Иæ дарæс феппæрста. Уыр- дау гуылф донмæ йæхи нывзылдта. Уазал æлхысчъытæ кæны. Цыма гом буар мингай цыргъ судзинтыл быры. Къæвдайы дон æмæ цъитийы раивылд баиу сты. Тæга тындзы размæ. Йæ быцъынæг 111
скъуыны. Архайы къæхтæй, къухтæй, рй- уæй, бæрзæйæ... Сæр уылæнты аныгъуылы. Фæстæмæ йæ сдары. Сæрыхъуынтæ цæсго- мыл тыхсынц... Сыджытæй сбур сты. Цæс- тыты тыртыйау пъæра ныхсы. Æрвгæлæны къæвда. Æгъатыр дымгæ цæуылдæриддæр ныдзæвы, йæ тасаг кардæй йæ ныцъцъыкк ласы. Стæй суых-суых къуыззиттæй уæл- вæзтæм ацъинг кæны. Лæппу дæр хъуырду- хæнæй ’ стъæлд фæндаггæттæм баввахс... Чысыл ма... Æйтт, æмæ... Сылгоймаг йæхи нал бауырæдта. Гæртт-гæрттæй лафеты ти- гъæй — зыввытт... Тæгайы размæ фæци æмæ йын йæ даргъ сæрыхилтæ ацахста. Лæппу рагæй зоны, донласт йæ уды ката- йы кæй вæййы, уый. Тынг фæтæрсы. Цæ- мæй истььмадзалæй æгасæй раирвæза, уый тæссæй маргджын калмы хъæлæсмæ дæр йæхи баппардзæн. Кæм фæхæст уа, уым йæ ныхтæ аркъауау арф ныссадзы. Уæгъд æй нал фæуадзы. Йæ ирвæзынгæнæг цы бауы- дзæн, уыцы хъуыды, ахæм сагъæс æм нал вæййы. Йæхи йедтæмæ йæ зæххыл ничиуал фендавы. Ус у, æви чызг у, чи у, ницы йын хаты къобаг. Мардæрцыд у сæрыхъуынтыл кæц ныххæцыд, уый. Тас у, сæ дыууæдæр куы фæдæлдои æмæ фæхуыдуг уой," уымæй. Тæга хъуырдухæны бахауд. Дæрзæг, уæз- зау уылæнтæ йæ куы сæ быны æрцæйныгæ- нынц, куы та фæуæле вæййы. Скъæфынц сæ. Сæр ахст у. Фезмæлæн æй нал ис. Бæр- зæй атилы. Дзыхы лакъон дон бакæлы. Дæндæгты æхсæн змис къыбар-къыбур кæ- ны. Сылгоймаг йæ быны фæци. Иæ тых, йæ хъаруйæ йæ йæхицæй атъæпп ласта. Сæр феуæгъд* Лæппу донласты ацахста. 112
Фæхæст ыл ис фидар. Даргъ дзыккутæ. Тъыбар-тъыбур... былмæ йæ схойы, ласы. Дзыккуджыы ма йæ цæнгтæ тилы. Истæ- уыл куы фæхæст уаид. Сæрдасæны комыл дæр йæхи ацауындзид... Куы йæ хъæр ссæ- уы, куы йæ гуым-гуым... Хуымæтæджы ивылд нæу, нæ... йемæ цы нæ рассывта... Дуртæ, цыргъ къæйтæ, хъæды лыггæгтæ, кауы халæнтæ, тыртыйы къутæртæ, нæууы гæбæзтæ. Аргæ та сæ кæм скодта! Бæтайы фырт рахиз къах фæстæмæ куы ариуыгъта, уæд æй срæхуыста. Былгæрæтты адæмы удаист... Ауыны сæ. Радугъ-бадугъ. Сæхи тилынц оркестры дирижертау. Кинойы физ- культурæйы парад дæр афтæ фæтыбар-ты- бур кæны экраныл. Къæбутыл цыдæр æр- хауд, æрфыджы сæрмæ — дзæхст. Æрдæ- бонсæдæ метрæй фылдæр куы нæ зынд. Бæхбонцау куы ныцци. Зындоны фæндаг. Кæрон ын иал ис. — Дæ къух æри!- Гыццыл ма! — хъуысы хæрз æввахсæй. Уалынмæ йæ къух кæйдæр цонщл фæ- хæст. Ноджыдæр... Цыма удхар, хъизæма- ры фын уыдта, фехъал æмæ нæудзарыл февзæрд... Дзыккутæ сæхи атыдтой. Бæстæ цъилау зилы. — Мананæ! — атымбыл сты йæ алыварс. — Мананæ, уый ды уыдтæ? — аджих и Тæга. Сагъдауæй аззад. Æдзæмæй лæууыд. Дзырдтой йæм. Фæлæ уымæн йæ хъусты сæр-сæр не ’нцад. Æвзагыл змис ныббадт. Тутæ^кæны. Иæхи æрысгæрста. Туг кæлы къахæй, тæрныхæй... — Цы фæци иннæ? Иннæ допы астæу джиуы. Лафеты ти* 8 Æууæик из
гъыл ныззæгæл. Адзал æм йæ цæстытæ ныйирд кодта. Кæд æй аныхъуырдзæн... Аныр-ауæдыл у!.. Æмæ та йæм Тæга ба- ивæзта йæ къабæзтæ. Фæдисонтæ- йæ фæ- дыл дзагъырдзастæй кæсынц. Тæрсынц ын, авгæн æрхауЫнæй куыд тæрсай, афтæ. Чи у, цы йæ æрхаста, кæцон у? Ком ныттар, ныссаудалынг, ныддæнгæл, мин мæйдар æхсæвы дзы иумæ рабырсы. Сау пъæра уылæнтæй цыма залиаг калм йæ сæр сцæй- дары, кæнæ удхæссæг, дæлимон. Алчи æм- ризæджы ризы. Афтæ сæм кæсы, ныртæккæ сæрсæфæн фурды бынæй æнахъинон авд- сæрон уæйыг йæ къутуйыйас дзых схæлиу кæндзæн. Аныхъуырдзæн Тæгайы. Донбет- тырты хай бауыдзæн. Тæрсынц. Æдас нæу йæхæдæг дæр. Адæм фегуыппæг сты. 7 Ацы. изæр йæ бонасадæнæй раджы ра- тындзыдта. Æрбазынд хъæды чъылдымæй бæрзонд рагъыл, йæхицæн аргъ кæнын чи зоны, ахæм сæрыстьфхуызæй. Æмæ зæххы фырттæн ногæй цырагъдар ныллæууыд. Хæбуздзыхъхъцæсгом мæй арвыл æрца- уындзæг. Доны былмæ фæйнæрдыгæй "ног чындзытау хъуызгæ-æмбæхсгæ чи æрцыд, уыдон развæд ныррухс кодта. — Мæ гæххæтт дæм радта уыцы... — О, мæнæ мæхимæ ис... ’Диссагæн мысынц се зноны бон. Уый хыгъд абондæргъы бæстыл хур атылд. Ба- цайдагъ сын тезгъо кæнын. Куы дæлæмæ, куы уæлæрдæм. Цъæх гауызы хуызæц Ш
лæгъз нæудзар. Зиоиы тыхкъæвдайæ ныр- ма уымæл у. Хъуынабын уыгæрдæны уæл- цъарау къæхты бын ратас-бйтас кæны. Ногдзыд кæрдæджы хъыррыст фæцæуы. Цыма йын искæй къахдзæф фæрысти, мæ- сты у. Цыдæр уайдзæф баппарынмæ сæм хъавы æмæ йе ’взаг йæ хъуыры фæбады. Æнæкæрон стъалыджын арв лæууы æнæ- змæлгæйæ, джих æмæ æдзæмæй. Цæуыл- дæр ныфсæрмы. Æхсæв нæуæндаг сиахсау фырнымд у. Тæрсы, кæйдæр æнцойад куы бахъыгдара. Арв ныхъхъус. Æвæццæгæн, йе зноны фыдмитыл фæсмон кæны. Æмæ кæмдæр сау хох, тар хъæды лæгæты ным- бæхста, куырдалæгонæй кæй райсы, уыцы къæдз-мæдзы цæхæр рæхыс, зынг фат æмæ æндон æрдын. Мананæ къæмдзæст’ыг у. Кæсы бынмæ, зæхмæ. Фæлæ хаты Тæгайы тæвд цæстæн- гас йæ галиу русыл куыд æрбаныдзæвы, уый. Лæппу йæм æнгом балæууы. Иæ цонг ын йæ дæларм æрбакæнид? Фæлæ цыма йæ æнгуылдз æхсидгæ аджы фæцæйтъыс- сы. Ие знæт хъуыдыты рохтыл ныххæцы. Цы бæрæг ис, куы та фестъæлфа. Алы дзырд дæр уырзæй сгарын хъæуы, цалын- мæ йæ нæ загътай, уæдмæ. Миййаг та ногæй гуымиры зæрдæйыуаг куы равди- са. Куы алидза. Иунæгæй йæ къæппдзыхæй куы фæуадза. Знон æй сау ингæнæй бæргæ байста. Фæлæ уый тыххæй дзурын хицæй æппæлæгау рауайдзæни. Тæгайы йæхи ныц- цæнкуылтæм бирæ нал бахъуыд. Къах бæс- тытæ у. Чиуы дзы. Иæ ных урс хæцъилæй тыхт, дохтыры æрмдзæф. Уыйбæрц туг кæ- 115
цæй фæкалд... Нуæстæй, мызгъуырæй ма баззайой. — Мæсты ма мæм дæ? — æмæ Мананæ- йы цонгыл гæзæмæ фæхæцыд. — Нæ дын хъуыди? — Ныр та? — Ныр... Ныр... нæ зонын, цы мæ фæр- сыс,— фæкъуыхцьгчызг. Дзыхълæуд фæкодта. Бæтайы фыртмæ нымдгæнгæ фæлмæнхуызæй бакаст. Дæн- дæгтæ цыдæр æхсызгон æрттывд фæкод- той, — Зноны хæсты дæ дзыккутæ ’нæ алæ- бырдысты? — æмæ йæ фæлмæн армытъæ- пæн хъавгæ Мананæйы хæмпус коцорайыл æрæвæрдта.- — Фыдæбоны фаг ма дзы баззад. Цæй риссаг къух дын ис! — хъæрæй ныххудти, цæмæн, уый йæхæдæг дæр нæ фæхатыдта. Мананæ нæ сызнæт и. Уæд ын афонмæ йæ цонг ариуыгътаид. БæтайьГ фыртæн йæ цæстытæ сæ къусджыты иал лæууыдысты. Чызгæн куы йæ рустыл апдзæвынц, куы йæ риутыл. Атонын дзы ничердæм уал ко- мынц. Писийау ыл ныйичъи сты. Уый дæр æм йæхи æнгомæй-æнгомдæр ласы. Цъæх- арт уадзгæ уадултæ кæрæдзиуыл аныдзæв- дысты... Æмбисæхсæв дард фæсте баззад. Бæс- тыл алцыдæр ныссабыр. Фæсобау гуыр- дзиаг хъæу раджы æрфынæй. Арагви йе зноны æрра митыл æрфæсмон кодта. Цы- дæр æнæбары дыгъал-мыгъул ма дзы цæ- уы. Цыма йæ зараг хъæлæс бандзыг æмæ зæххы хъæбултæн хæрзæхсабв зæгъын дæр нал фæразы. Фаллаг фарс тигътыл хъæд 116
бандзыг. Ныббукъ æмæ ныттар. НыдЖ- джих и æхсæв. Æрдз йæ карз фынты нын- иыгъуылд. Арв йæ бынатæй фæцудыдта... Арагвнмæ уацары бахауд. Уылæнтæ авдæ- ны узæгау узыиц стъалыты. Уылæнты цъæх барцыл фесхъиу-фæтъæпп кæнынц æмæ ты- бар-тыбургæнгæ æгæрон малы æрбайсæ- фынц. Æхсæвы рад, æхсæвы бартæ... Ныссабыр дуне. Æрмæст ма хъуынабын дуры фарс- мæ дыууæ тæрк æхсидавц кæрæдзи зын- гæй судзынц. 8 Никуыцæй фæцыди къæрцц, нæ дæр уы- нæр, нæ — куыдзы рæйын. Карз фынæй, æнуд мидхъуырдухæн... Мананæ æваст фе- стъæлфыд. Фехъал, йæ алыварс акасти. Рабадт хуыссæпы. Рæмбыныкъæдз базмæ фæцарæзта. Цæст уабæрæг ницæуыл хæцы. Хæдзæрттæ, бæлæстæ куырм уæйгуытау сæхи ныттарæрфыг кодтой. Сынтæджы сæр- мæ радио æгомыгæй лæууы. Рæстæг даргъ санчъехтæй, гæппæй згъо- ры. Æхсæв сау зæлдаг хъуымацау фыр- нымд ссывдбылæй сыбар-сыбур кодта тута æмæ балты сыфтæртыл. Къæридормæ зы- ны, кæрты ахизæны акаци бæлас хæхты сæргъастæу гоппытæй фæбæрзонддæр æмæ хуыссæнхъæлдзæг сæгъдзаст арвыл баны- хæсти... Гæзæмæ ирдгæ йын йæ цъупп нæ- уæндæгау хъавгæ баузы. Ирдгæ къах-къух- тыл хуыснæгау æнæ уынæрæй рахъуызы æмæ Мананæйы фæлмæн хъарм дæллаг- хъуырыл æрбатыхсы, гæдыйау ын йæ рус- тыл узæлгæ схилы. Лæугæ малы æваст дур 117
куЫ ныррæцугъай, æмæ куыд базмæла, аф- тæ тар æхсæвы æнцойад фенкъуысыд. Чыз- джы хъустыл хæрз-хæстæгæй ауад куыдзы т^змæг хъырнын... Иу хатт... Дыккаг... Сцæйрæйдта... Зæххыл фæцыдæр æмыр тъупп. Ноджыдæр... Куыдзы хъыпп-сыпп; фæцыдæр. Ие ’фсæртæ скуыстой. Хъуысы дæндæгты къæрцц-къæрцц, æргъиуы къы- бар-къыбур... Йæ сым-сым..-. къæпп-къæпп... Сыхæгты куыдз, Мамукъаты. Дард нæ цæ- рынц кæрæдзимæ. Се ’хсæн кæрт, фæйнæ- гæй быру. Мамукъа æмæ Жужу... Ус æмæ лæг, æндæр бинойнаг сæм нæй. Хæрз æрæ- джы, цалдæр боны размæ, Мамукъа кæй- дæр машинæйыл Калакмæ хъыбылтæ уæй- мæ фæцæйласта... Цавæрдæр расыг шо- фыр сæ фæндагыл скъуырдта... Лæгæй, фо- сæй дæлбылмæ атахтысты. Фыдбылызы ха- бар æрбайхъуыст... Мамукъайы зæнг асаст. Сæр фыдцæф фæци. Фæхуыдиртæст, йæ магъз сæнкъуысыд... Æмæ ныр Калачы рынчындоны сæйы. Знон æм йæ ус фæфæ- дис. Иæхи ныттыдта, фæхоста. Мæрдæр- цыдхуызæй фæцæуы. Сыхагау йæ хæдзар фæдзæхсгæ дæр нæ акодта, дæ цæст мын æм фæдар, зæгъгæ. Никуыцæй ма æрбазынд. Абондæргъы сæ дуæрттæ сындз- æрхæй лæзæрынц. Изæры дæр æдзæ- рæг уыдысты. Сæ хъуг, сæ уæныджы сын хъæуы хъомгæс йæхæдæг дуарæй æр- бамидæг кодта. Æвæццæгæн сæ уымæн ба- фæдзæхста. Хъуг дыккаг æхсæв æнæдыгъд у. Т^еккæ æхсыр кæнгæйæ. Фæздон атъæп- пæй тас у. Фæлæ марадз æмæ сæм цуро- нау хæдздзуйæ бауай... Тугтæ дыл æрбай- мысдзысты... «Нæ хъæдзар нын фæкъахта. 118
Нæ цæрæнхостæ нын адæлвæччи кодта». Уыдон æвзаджы азарæй басудзыны бæсты, калмы хъæлæсмæ бахауын æнцондæр у. Мананæйы хъустыл æмыр гыбар-гыбур ауад. Чидæр хуыгуырмæй йæ къах цæуыл- дæр скъуырдта. Цы хабар у? Кæд Жужу ^ам и. Кæнæ сæм сæ хæстæджытæй исчи ис? ^æд цырагъ цæуылнæ ссудзынц. Алы ха- тæны дæр сын электрон рухс куы ис. Чызг æнæ хъинц, æнæ хъæрæй сыстад. Къæридо- рæй фæйнæрдæм афæлгæсыд. Асинтыл бын- мæ æрхызти. Кæрты къуымты, бруйы рæ- бынты йæ къахдзæфтæ нымайгæ гæды мыстмæ куыд фæцæйхъуызы, афтæ цæуы. Æрлæууы, æрдзуццæг кæны. Ныхъхъусы. Улæфт риуы æрцæймынæг вæййы. Хаты, сусæг змæлд дзы ис. Къах размæ айсы. Цы- ма къæрныхы рараст. Æнафоны кæуылдæр фыдвæнд скодта. Фæбыры йæм. Уæд та йæ æцæг Жужу искуыцæй фæхатыдта. Зæ- гъид: «Дæлæ нæм йæ цыппæртыл æрбалæ- сы. Байхъуса нæм. Кæд ,æй исты хабар ба- зонын фæнды. Науæд æй исчи сардыдта». Хæрзаг Жужу фæдис ныхъхъæр кæнид. Мананæйы ном Гуырдзыйы æхсæн æл- гъыст æмæ фидиссагæн баззаид. — Тагъддæр у! — Голлаг æрбадар! — Ныккæндмæ сæм хизын хъæуы... — Уæдæ сæ уæлæнгай æнхъæлдтай! Ныллæг хæдзар., Йæ æддаг къултæ йын чъырæй æрæджы сцагътой. Дæлæуæз æвæрд сты йæ рудзгуытæ. Талынг у. Фæлæ урс-урсид къулы дыдзы рухсæй зыны. Иæ цуры адæймаг. Мананæ йæ æвзары. Ницæ- имæ йын ис фæхæццæгæнæн. Нæдæр фос у, И9
нæ сугсæдтæн къуыдыр. Змæлы. Йæ сым- сым цæуы. Сæр дæлæуæз æруадзы. Йæ ра- зы сау къуыбыргонд. Йемæ архайы. Сæх- тæг у æви æргъæвæг? Цыдæр цæуылдæр бакъуырцц кæны. — Хæц! — фæзынди мидæгæй сау æп/ дæрг? , / Цыбыр хъæды лыггаджы хуызæн рал^е- вæрдта чумæдан. Чи йæ райста, уый къух- ты йæ хæцæны къыбар-къыбур ссыд. Ми- дæгæй артдзæсты æрцысгæны зæланг, бан- доны хæр-хæр. Талынг хæдзары гагкæдзи- магкæдзи кæны, нæ дзы арæхсы. Куырм гал, æнæсæр каркау йæхи куы цæуыл скъуыры, куы цæуыл. — Давджытæ! Сæ хæдзар сын къахынц... Æниу сын афтæ хъæуы,— йæ къух ауыгъ- та чызг æмæ гуыбыр-гуыбыр йæхи фæстæ- мæ райста. Нæ йæм æрхуыссын цыд, нæ — æрбадын. Къæлидоры æнцойгæнæныл ных- хæцыд, æнхъæлмæ кæсы. Цæмæ? Мамукъа- ты бынхафт кæй чындæуы, уымæ... йæ фарсмæ йæ сыхæгтыл зынг сирвæзти. Зынг... Уæдæ æндæр циу? Ахæм артмæ къухтæ батавын æмбæлы? Æниу цæй сы- хаг, цæй цурон сты... Цымæ Тæга афонмæ куыд кæнид? Сагъдæй баззадаид уый дæр? Сæрсæфæн ивылд доны искæй тыххæй йæ- хи дыууæ хатты чи баппæрста, йæ уд æр- дуйы хидыл кæмæн æрцауындзæг... Чи уы- дысты, уый дæр ма куы зыдтаид. Стæй йæ йе ’фцæгготæй дæр ничи ласта æххуысмæ... Бæтайы фырт уый куы фенид, йæ уарзон кæйдæр мæгуырбонмæ къæпдзыхæй, æрт- тæдæлармæй касти... Мананæ йæ бынатæй фезмæлыд. Фæд- 120
мæн уырзтæ къулыл расгар-басгаргæнгæ асæрфта. Иæ фыд фæлладæй æрцыд. Ми- дæггаг хæдзары хуыссы. Йæ дыууææхстон хæцæнгарз æд хъатара рагъæныл ауыгъд. Райста йæ. Æхсæнгарзимæ архайынмæ дæсны у .Сындæггай дзы гилдзытæ атъыс- та. Фæхъуызы та ногæй. Цыма арс ма- рынмæ фæбыры. Æдас нæу. Æхсæвы цæст сайаг у. Цы нæ ис, уæд та фыдбылыз уый- ырдæм фæкъул. Быруйы раз таæрдзуццæг. Кæсы. Нырма ам сты уæртæ. Сыф-сыф... Утæхсæн... Æнæвдæлон сты. Иугай ныллæг ныхæстæ сæ хауы арф уæрмæй дзурæгау. — Уæныгыл сæрбос абæдт... — Цырддæр, уæртæ сæ фарсмæ цæр- джытæ ис... — Хыл сты. Кæрæдзийæн марджы ад кæнынц. Арт сыл куы сирвæза, уæд ма сыл бензии басæххæтт ласдзысты... Уыдо- нæй ма тæрс,— хъуысы сæ сабыр ныхас. Чызг йæ хъус зыхъхъырыл нынныхæста. Чи сты, хабæрттæ афтæ бæстон чи фе- хъуыста? Науæд, къуымзил куыдзау, кæм цы æвæрд ис, уый цавæр адæймаг зоны? Ай-гъай, хыл сты. Мананæйы сæры, йæ сонт зæрдæйы сног сты иухатты уæззау бонтæ. Уæд Мамукъа колхозы сæрдарæй куыста. Районы милицæйы хистæр йæ хæрз хойы лæппу уыд æмæ йыл уый къæм аба- дын нæ уагъта. Лæг фæныфсджын, йæхи бирæгъæй равдыста. Хуыцау æй нуазыныл бафтыдта, кæм цы аныхъуырдтаид, кæм нытътъой уыдаид, ууыл сси. Расыгæй-иу йе ’фсарм йæ дзыппы нывæрдта. Гыццыл дæр-иу кæмæ фæмæсты, уымæн мад, фыд, мард, дзуар нал ныууагъта. Тас æмæ ар- 121
гъуц нал зыдта. Уæлæ хъæуы сæр, йæ мой хæстæй нал æрыздæхти, идæдз ус. Маму- къа йæм æхсæвыгон расыгæй дуар басас-^ та, æмæ... Науæд алы изæрдалынгты кол-7 хозы къæбицгæс уæхскуæзæй ^кæй æнтъых- та... Мананæйы^ æфсымæр, æрыгон лæппу ’ма уыд, Сагъи, сыхаг... Тъæппытæ йæм хауд- та. Æвзæрдзинады цурты цъынддзæстæй ахизгæ куыд у? Сæрдары æлгъаг хъуыд- дæгтæ Калачы газетмæ цалдæр хатты ныф- фыста. Мамукъа фæдонзоныг. Йе ’схъæл сау рихитæ ихдзагъд æфсиртау фæгуыбыр сты. Къухтæ сины сæртæй æриста. Былтæ цъымарайы ацавта. Цы сыкъайæ хæцыд, уый йын кæстæртæ асастой. Фæсырдтой йæ. Фæлæ арф йæ роны дур бамбæхста. Фыста иу гæххæтт иннæйы фæдыл. Иухатт боныцъæхтыл Мамукъа милицæмæ йæ хо- йы фыртмæ тилифонæй фæфæдис. Цъæх- худжын йæ риуæй артцæгъдгæ фæзынд. Фæсидти Сагъимæ. Акодта йæ... Æмæ абон дæр зæххыл йæ фæд, йæ кой, йæ хъæстæ фесæфт. Чызгæн йе ’фсымæр слæууыд йæ цæс- тыты раз. Къæсхуыр, бæрзонд лæггаг. Фын- дзы бын, рустыл рахæцыд милтæ, лæппын хъуынтæ. Æддæг-мидæг фæкъæбæлдзыг сты сау сæрыхъуынтæ. Зондджын сабыр цæстытæ. Цардмæ, адæммæ худгæйæ кас- тысты. Æнæ мидбылхудт дзурын нæ зыд- той.’Æмæ кæмдæр ихджын сау ныккæнды, æнæзæрдæрисгæ кæйдæр уæззау къухтæй ахуыссыд сæ цæх’æр. Сагъи йæ ныфс, йе скаст. Мананæ арф ныуулæфыд. Цæсты- хаутыл хъарм цæссыг æрхъуызыд. Гæр-гæ- 12?
рæй æпгуылдзтыл æртагъди... Уæртæ уыцы хæдзар... Йæ фыдгул, йе знаг... Уæдæ ма знаг æндæр цы вæййы? Сæ бындур, сæ рæ- бипаг цæджындз сын раппæрста. йæ мад æмæ йæ фыдæн иунæг цъæх чызг у, сыл- бындар. Фыды уæзæджы фæздæг искæд бон æрцъынд уыдзæн. Цæмæн, цæй тых- хæй? Рæстдзинады сæраппонд. Рæстдзи- над!.. Цас бæллæхтæ цæуы дæ сæрыл, цæй- бæрц хъару бахъæуы дæу бахъахъхъæны- нæн. Тыхджын адæймаджы бон’ у дæумæ комкоммæ кæсын. Æнæуынон у Мананæ- йæн ацы кæрт, йæ дымгæ, йæ ’кой дæр. Цъæх арт ыл куы сирвæзид... Иæ фыдгулы къона... Ахсæв ын цавæрдæр хъуынджын- риу гуырдтæ йæ бындзарæй рухс уадзынц. Уисоймарзтæй аззайдзæни... — Цы æхцайæ дын дзырдтон, уыдон... — Шифанеры фæстæ... Ам сты, мæ ро- ны, æнæхъæн къона,— уайы сыбар-сыбур чызджы хъустыл. Рудзынгæй разынд æхсæвидаргъуыз. Иæ æмбалæй дыууæ хатты стырдæр. — Мæнæ сæ фæтæген... — Цæмæн дæ хъæуы? — Агъуыстыл арт бафтауæм... Хъæдын къултæ.. Чи уьтд, цы сæ ахастæуыд, уый куыд нæ сбæрæг уа. Мæ коммæ кæс,— дзу- ры хуылфмæ дзурæгау егъаудæр. Мананæйы фындзы хуынчъыты фæтæге- ны смаг фæмидæг. Спичкæты хыбар-хыбур. Чызгæн йæ сæрыхъуын адæргæй арц абад- ти. Хъуыдытæ цыппæрвадыгæй джитæнтæ- гæнгæ дугъы, фæдисы уадысты сæры кæх- цæй зæрдæмæ, стæй уырдыгæй фæстæмæ. Цы гæнгæ у? Æддагон тыхгæнджытæ не 123
Сты. Афтæ бæстой сьШ сæ къуымТЫ ёæ æвæрæнтæ чи зыдта, уыдон сæ хорз зонгæ- тæ, сæхиуæттæ сты. Цæхх, кæрдзын кæй- разы æрæвæрынц... Мананæ йæ бинаг бы- лыл дæндагæй ныххæцыд. Цыма йыл æх- сидгæ дон разæйчынди... Буар дон фестад, Сусæг тæфсæгæй рынчынау йæхи мидæг ба- рызти... Цæхх, кæрдзын, адæймаджы æу- уæнк, зæххы. фыдæх, Ломисы дзуары ард уæ фæдыл æфтыд фæуæд!.. Хæцæнгарз йæ риумæ фидар æрбалхъывта. Цæссыгæй- дзаг æнгуылдз агуры мæнгкъах. Куыддæр спичкæ фæтæрк кæна, дзæбæх сæ куы ауы- на... Афтæ къæхты бынмæ... Дружинæмæ азгъорид? Хъæусоветмæ’... Тилифонæй рай- онмæ адзурид? Фæдис... Уæдмæ а бæстыл сæ кой, сæ хъæр нал фæзындзæни... Зын- джы тæпп... Ньфтæккæ... Гæрах!.. Гæрах!.. Чызг хæцæнгарзы ногæй гилдзытæ атъыста. Гæрах!.. Гæрах!.. «Уæуу... уæуу... Æллах!.. Амардта мæ!..» — райхъуыст нæлгоймаджы тæригъæддаг дæргъвæтин хъæрзын... Тых- улæфт... Тъизын... Богъ-богъ... — Цæв æй, цы фæдæ, хæлиудзых? Уæр- тæ йæ зынг кæцæй скалд... Быруйы æдде- йæ... Дæлæ! Мананæ хъатарамæ куыд фæлæбурдта, афтæ йыл фæд-фæдыл... Цал — нæ сæ ра- хатыдта... Къупп... къупп... къупп... Дамба- ца ноджыдæр... Нал ауæрста. Чызджы цæс- гомыл тæвд дымгæ æрбафутт ласта... Фæ- уыргъуыйау. Рахиз цонг цыма пысырайæ ныцъцъыкк чынди, стæй йæ хъæрмуст до- йы фæтъысти. Æрхауд. Йæ фарсыл ауын- дзæгæй аззад. Дзордт-дзордт кæны. Тæл- фы. Калмы йæ сæрæй куыд марай æмæ ма 124
йæ шпгæ буар адæргæй, йæ тæвдæй куЫ къæдзтæ-мæдзтæ байдайы. Æхсæнгарзы дзæхст дуртыл фæцыд. Цонгæй ма йæм февналынмæ хъавы. Фæлæ хуымæтæджы. Коммæ нал кæсы, æхст фенцад. Æхсæвæн йæ фын фæлыгъд. Хъæу базмæлыд. Мана- нæйы зæронд фыд афтид мидæггæгты ра- сæррæтт ласта. Уынгæй цырыхъхъыты гы- бар-гыбур, сæрт-сæрт... Каудуæрттæ æрба- тыдтой дружинæ... Фæдис? Кæрты цырæгъ- тæ ссыгъдысты. Циу, цы фыд сæмбæлд! Уайтагъд алцыдæр сбадти йæ гаччы. Ма- нанæйы рахиз цонджы æртæ хæлæн нæ- мыджы ахызти. Туг кæлы. Уæззау цæфтæ зынгау зæрдæйы уидæгтæ судзынц æмæ сæ бындзарæй ласынц. Утæхсæны бахауд. Цæссыг цыхцырæгау ныллæууыд. Уынгæг хъæртæ... Тыхст лæджы катай богътæ. Къæрныхтæй иу æрбадæлдзæх. Иннæ йæ туджы мæцгæ хæдзары къулрæбын уæл- гоммæ ахауд. Иæ къæхтæ, йæ къухтæ зæх- хыл. хойы. Иæ цæф зæнгтæм фæлæбуры... Нал у йæ бон слæууын. Чи у... Æмæ мæ- нæ Мамукъайы ус Жужуйы æфсымæры лæппу. Мартъийы ахæстонæй рацыд. Ап- релы та йын лæг у, зæгъгæ, куывд* скод- той. Гал... Сæны быркъуытæ... Мамукъа йын йæ цæрæнбоны тыххæй гаджидæуттæ уагъта... Уæдæ куыд вæййы... Хион, ныфс, къабаз... Цæмæй-иу сæ тыхст заманы абæ- рæг кæна... 9 Æмæ бады Арагвийы был хæствæлладæй Мананæ. Бады. Нал æй хъуыды кæны, кæ- дæй- нырмæ, уый. Изæрсарæй... Изæрмил- 125
’Гæ фæхæцыд... Æхсæв йæ сау пыхцыл нЫ- мæты бын хæхты, кæмтты, быдырты æрны- уæрдынмæ хъавы. Фæлæ йæ фыдæбон фæ- дзæгъæл. Цалхыдзаг мæй æрдзы. сау ны- мæт, æрдзы уæхсчытæй аскъæфта æмæ йæ кæмдæр хуырджын комы нарæджы ныв- зылдта. Гуырдзиаг чызджы цæстытыл уа- йы, саджы фисынтыл амад кæй фæхонынц, уыцы ирон лæппу. Иæ уырыд риуæй йæ су- ры. Иæ зæрдæйы, йæ туджы цы уарзондзи- над бахсыст, уый топпы кæсæнмæ сисы. Бастъæла, байрох уа, мауал уа. Уарзоны фæлмæн сойæнгæс, мидбылты худт йæ ри- уы мары, цæмæй дзы фервæза... Æмæ мæ- лын нæ фæразы. Уый йæ ахстон кæм сбыд- та, уырдыгæй йæ æнцæнтты нæ фæраив- баив кæны. Ратас-батас æрмæст æдылыйы хæлардзинад фæкæны. Цыма кæцæйдæр йæ хъуыдыты æрфæнæй калмы æхситт хъусы. Цæстытæ мæтæй атартæ вæййынц. Рустыл дыууæ хъуынтъыз арвæй къæвда æрсæх-сæх кæны. Уалдзыгон бæрз бæласы цонг кардæй куы алыг вæййы, уæд ма уый дæр афтæ фæкæуы. Иæхирдыгонау хъæрзы, нæты. Рисгæ йын фæкæны. Æвæццæгæн ма фæагуры йæ къабаз... Æнхъæлмæ йæм фæ- кæсы... Тыхулæфт... Æфсæрыкъæдзтæ сризынц. Кæм ис афонмæ Тæга? Фæндагыл. Мæрд- ты бæстæй дæр здæхдзæни... Афтæ дзырд куы уыдысты. «Ех-х, уæд та Галæгон куы фестин, уæд дымгæйы пæр-пæргæнаг ба- зыртыл атæхин йæ размæ». Æмæ донгуы- рæнæй сыстад хъæрмуст ирдгæ, зилдухæн- ты бафтыд. Ныттыхсы Мананæйы æрхæн- дæг цæсгомыл, йæ дзыккутæ йын фасы. 126
Йæ хъусы йын сыбар-сыбурæй нæ æнцайы. Дард Бæрзæфцæгæй йæм комы хабæрттæ æрхаста. «Дымгæ... Дымгæ! Цæй дугъон дæ, цæ, æнæфсургъ, æнæкъахæй... Марадз- ма Тæгамæ фæдисы фæтæх...»* Æмæ æцæгдæр донбылты комкоммæ æр- бацæуы сау æидæрг. Тындзы. Æрбаввахс... Цыма та Арагвийы фурдæй сгæпп ласта, кæйдæр та адзалы дзæмбытæй иста... — Мананæ, зыдтон æй, дæ ныхас, дæ æууæнк кæй нæ фæсайдзынæ! — сдзырдта дисгæнгæ фырцинæй дæрддаг бæлццон æмæ йæ дæндæгтæ ферттывтой. — Æз дæм рагæй кæсын æнхъæлмæ.:. Фæлæ... Чызг фæллад лæппуйы къух райста, мондагæн æй авæрдта йæ русыл. Йæ дæл- лагхъуырмæ йæ нылвæста. Мананæ йæ фæн- даггоныл хъарм хъæбысы бæсты сæмбæл- ди цæссыгтимæ. Худгæ хуры бахудты бæ- сты йæм уадултæй æрттывтой фæрдгуыты халы хуызæн урс æртæхтæ. Бæлццон ын сылвæлхæн химæлвасаг сойдзаст æнгас агуырдта йæ цæстыты. Фæлæ уыдон уыды- сты тымыгъыссæст, ихнад, тæригъæды æв- дылд цæстытæ. Зарæн хъæлæс кæуынæй ныффæсус. Бамырмæ йæ бирæ нал хъæуы. Цыма тархъæды ныдздзæгъæл, сæдæ би- рæгъы лæгæтмæ бахауд, æмæ æхсæв-бон- мæ уыдоны сырдта, уыдоныл аралойæ ныф- фаз сты йæ улæфæнтæ, цъæхснаг хъæлæс. Æнусон уалдзæджы дадзинтæ цы тæлтæг уæнгты тæлфыдысты, уыдон сæхи æвдыс- той мигъджын, æнтъыснæг уазал, æргъæвст боны хуызæнæй. 127
— Мæрдадзы ныффæлладтæ? — афарста йæ хæрз сабырæй Бæтайы фырт. — Æз дæм æнхъæлмæ кастæн... Фæстаг хатт ма дын бакæсон дæ хуызмæ, цæмæй . мæ дудгæ сагъæсты баззайа дæ фæлгонц*— . базмæлыдысты чызджы хус, æндзыг был- тæ. — Цардыл куы уыд нæ ныхас... Ды та... — Фæдæн мæ цард, мæ худæн бонтæ,— æрбахгæдта йæ кæуындзæг. — Мананæ! Къобаг лæппу йæм балæууыд хæрз æн- гом. Йæ æрмттæ йæм фæдисонау байтыгъ- та. Æрбатыхта йæ дæларм-уæларм. Чызг йæ сæр æркъул кодта Тæгайы уæхскыл. Уæхскæй цыд кæрдæг, рыг, хид æмæ фæн- даджы тæф. Мананæ ферхæц-ферхæцæй дзырдта йæ тугуарæны митæ... Стъæлд, мæйдар æнамонд æхсæвы хабар... Лæгдзи- над кæм бахъуыд, уырдыгæй кæцæй уыди фæцæуæн... хæкъуырццæй кæуын... Ихсалд дурдзæсгом бандзыг и... Бæтайы фырт афтид дыс æрбатымбыл кæны йæ армы. Нылхъивы йæ. Йæ æфсæр- тæ бандзыг сты. Дзырд нал бады дзыхы. Æвзаг бахуыскъ, нал тæлфы. Цы цины æр- ра денджыз абухта йæ риуы! Цæй бæрзонд мæсгуытæ самадта йæ райсом, йæ фидæ- нæн! Æвиппайды сыл хох рафæлдæхти. Тъæнджы мæйы ихын кæрц сыл ныззæгæл. Ирон гуырд акæсы • алырдæм æдзæм, къуыдтыйæ. Къуырма кæны йæ сæры магъз. Æрбакъуымых йæ хъуыды. Афтæ æнхъæл кæд уыди? Дзуапп дæт- тын æй бахъуыд. уЕууæнчы дзырд кæмæн радта æмæ йыл йе стыр æууæнк чи баф- №
тыдта, уый лæууы йæ разы каелæх, цæн- куыл, гуылмызæй. Уалæ уыцы мæй, мæнæ ацы зæхх, хъæд, дур æмæ дон сæ æвдисæн уыдысты. Бæстæ уæд дæр, уыцы æхсæв, афтæ æгуыппæг уыд. Нæ йæ фæндыд дыу- уæ æвзонг уды сусæг сабырдзинад фæкъа- хыркæнын. Уыцы æхсæвау ныр дæр стъа- лытæ.арвæй сæхи найынмæ донмæ æрхыз- тысты. Арагвийы сонт уылæнтыл узгæ-уз- гæ, цæстныкъуылдæй симынц. Теуайы гопп- æнгæс дард рæгътæ — фæлмæмбæрзт. Ар- вы цъæх сæ уæхсчытыл тайы. Фаллаг фарс хъæд абондæргъы мингай мæргъты зард, дымгæйы тъизын æмæ фæрæты къуппытæй ныффæллад, бамыр. Сусæг æнкъард са- гъæсты афардæг. Уæртæ комы бахизæны гуымы обæуттæ, айнæг къæдзæхтæ, хъил- дур къæбыртæ... Рагон уайсадæг фырнымд чындзытау сæркъул æрфыгæмбæхстæй лæу- уынц. Ахæм æфсæрмдзаст æгъдау равди- сын Иры урсбоцъо хистæрты раз базонид Мананæ дæр. Фидаугæ дæр ыл тынг скæ- нид... Æгъдау... Фæлæ иудзонгон чындз!.. Лæууы къуы- мы. Саст базыр цæргæс... Цæй цæргæс ма у... Фæкалд, æрхауд царды æмбæхст фæ- зилæнты... Тæгайы мад лыстæг сасирæй луары. Хурыл дæр сау стъæлфытæ фæагу- ры, айчы буры та — къæмтæ. Сæ хъæуккаг чызг Зачиаты Надиффæ... Бирæ йæ уарз- та Тæга. Уæлдай ракæ-бакæ нæ разынд чызгмæ дæр. Æрмæст-иу куы схудти, уæд йæ бинаг был рахизырдæм фæзылын. Æмæ дзы мад йæ удхæсæг федта, йæ мæрдты марæг. Кой дæр æй не суагъта. Науæд сæ сыхаг, Гæлиты Магыда. Разагъды ахуыр- 9 Æууæнк 129
гомд чЫзг. Сæ быльщъæрттæ йæм бирэё лæппутæ асдæрдтой. Сæ дæндæгты хъыр- рыст-иу æм фæцыд... Цас фенхъæлмæ каст Тæгамæ. Мад йæ фырты раз сындз æмæ пысыра фестад. Магыдайæн йæ галиу зæн- джы хæцъæф рахизæй лыстæгдæр у. Уæдæ куыд?.. Гуылмыз, æнæцонг чындз "куы фена йæ сæрзæд рæбын æркувгæ, уæд куьГсæрра уыдзæни. Зæххы царм дæнда-- гæй стигъдзæни. Иæ хъæбулыл хъоды ба- кæндзæни. Фыдæлгъысты азары хай фæ- уыдзæн. Уæд ын йæ фыды хæдзарæй лидз- гæ у-. Иæ сæр искуыдæм хъуамæ дард фе- сафа. — Цæмæн дæ базыдтон? Цæмæн хъуы- ди нæ фембæлд? Зæрдæнизæн мæ _риуы баззайдзæн цæргæйæ,— ныуулæфы гуыр- дзиаг чызг. Бæтайы фырты хæлбурцъ хъуыдытæ цæджджинагау сæ мидхъуырдухæны фы- цынц. Куыта ихы къæртт, уазал: дойнаг дуртæ фестынц. Кæсы. Цæй зын у... Фæлæ дæ афтæ тынг чи бауарзта, стæй дæ туджы кæй ном, кæй сурæт рафыхт, ууыл ихджын дон бакал!.. - Ау, афтæ дæр вæййы? Стæй лæджы фы- дæх, йæ æууæнк... Адæм-иу уыдонæй куы хордтой ард. Уыдон куы уыдысты уæззау бон сæ сомыгæнæн. Уыдонæй куы кодтой се знаджы фыдæлгъыст. Адæймаджы æу- уæнк æмæ фыдæх рæстадæй дæ фæдыл фæзилæнт... Мæнгард... Фæлитой... Тæга, ард куы бахордтат зæхх æмæ арвы раз. — Мæн дæ ды ныр... Мæ фæстаг сулæф- ты онг. Не ’хсæн фæсмонæн бынат никуы 130
уыдзæни! — базмæлыд, цыма йæ карз фы- нæйæ райхъал Бæтайы фырт. — Цæмæн дæ хъæуы уæлдай уаргъ?.. — Æмæ куыд дзырд уыдыстæм? Цы- фæнды хуызы дæр уарздзыстæм кæрæ- дзи! — æмæ Тæга Мананæйы иухаттау йæ риумæ ногæй нылхъывта... тынг... тынг... Иæ уарзоны цæссыгтæ, йæ зæрдæйы цы’ масты æрхæндæг сабузыд, уый йын магни- тау йæхимæ æлвæста, йæ æфхæрд буарæй йын æй ласта æмæ йæ йæхи царм æмæ фыды астæу уагъта, æвæрдта. — Цом уæ хæдзармæ. Æз ахсæв дæ мад, дæ фыд æмæ дæ сыхæгты раз хъуамæ сиах- сиуæг бакæнон... Стæй сомæхсæв та æр- лæудзынæ мæ фыдæлты сæрзæды рæбын!— æмæ Бæтайы фырт чызджы цонгыл уæз- дангомау рахæцыд. Мананæйы æнкъард æртхутæгхуыз цæстыты зынджы стъæлфæн- •тæ фæзынди. Йæ къахдзæф фæныфсджын. Уæнгтæ рог айста. Кæддæрау та бахудти. Тæлтæг. Тæгамæ цæстызул дары. Æрдзы хуыздæр, зынаргъдæр лæвар... Æмæ йæм афтæ кæсы, цыма хæхты амонд, æхсæвы фарн райхъал сты, æмæ цыма Арагвийы цины уылæнты, цины фурды аленк кодта дуне. Уардийы къутæр райхæлд. Йæ дидинæг тонын афон æрхæццæ.
СЫРХ УАСÆГ **^ыцы, цæлхъытæ ха- уы Пицго. Фындзыхъæлæй фæсхъустæм цæсгомыл абухы туг-тымыгъ. Æвæццæгæн, кæддæр зæхх куы базмæлыд ’æмæ зилын куы райдыдта, уæдæй абоны онг ыл ахæм мæсты лæг никуыма æрлæууыд. Гæппæй цæуы... Цæуы, æви тæхы, йæхæ- дæг дæр æй нал хаты. Искæмæн æй салам радтын хъæуы, цæрæг ма ис, хур ма кæ- сы — йæ хъуыдыйы кæрон дæр нал сты. Æнхъизы... Улæфæнтæ дудынц, цыдæр сæ ныллæууыд. Цавæрдæр æгæнон тых ри- уы гуыпп-гуыпп кæны. Æддæмæ агуры фæндаг. Æрбахæццæ Бодтиты размæ.. Йæ тых йæ бонæй кулдуарæн къахæй—дзæхст’. Згъæлæнтæ ныцци. Ничи ис кæрты. Æнæ- фæрсгæ, æнæбахойгæ кæйдæр хæдзары цæгъдæджы мидæг сси. — Цы хабар у, цы ’рсырдтам?! — бандо- нæи фестади Бодти, сæццыйæ баззад. — Цы кодтам?!—стыхсти, афæлурс бур- дзалыг къæсхъуыр лæг Бодти. 132
— Мæн тыххæй схъомыл кодтай абырæг æмæ стигъæг! — артдзæсты цъилау зилы Пицго. — Омæ... — Банцай! Судзаджы марды хуызæн! — фæкомкоммæ æфсинмæ, æррайау дзыпмæ февнæлдта. Усæн йæ удæй йæ мидæг ницуал аззад. — Ай кæй кард у, лæгæргæвдæн финкæ! И? Ныртæккæ дæ фырт кæрдо цагъта. Куы йæ ацахстон, уæд мын æй мæ хурхы фæ- цæйцавта... Фæлæ нæ, ам дæр дзы лæппу ис! — Ныры фæсивæд... фæлæуу, ардæм æй нæ хъæудзæн! — Афтæ у... Цал хатты йын ныббарстон/ Лæг лæджы йæ уæхсчытæм куы суадз^а, уæд ын йæ сæрыл æрту кæны. Кæд ма ис- куы æрбафта! — Æрбад уал, сæфты гуырд никæй къо- найыл рахъомыл вæййы... Пицго бандоныл йæхи æруагъта. Фел- вæста гæххæтт, кърандас. Фыссы суагъæ... Хъуыддаг тæрхондонмæ дæттæ у. Йе ’вди- сæнтæ цæттæ сты. — Кæй кæм хæра, уым ныхдзæн.— Йæ риуы цы маст ныццæнд, уый кърандасы бырынкъæй тетрады сыфмæ рæмудзы. — Не ’фсин, закъон уæддæр йæ хъуыд- даг кæндзæн, цы нæ бон у, фæлæ нæм уæд- дæр уазæг и... Исты ма нын, цæхх-кæрдзын фен,— хъуынсастæй лæг ацамыдта усмæ. Сылгоймаг фæцырд. Фынгыл авæрдта графины дзаг арахъхъ, цыхт, къæбæр, стæй æддæмæ азгъордта. Бодти æрхæндæгæй, æнæбарыгомау дыу- 133
уæ агуывзæйы æркодта... Иу дзы уазæджы раз æрæвæрдта. — Хатырæй фод, хъыгдарын дæ, фæлæ уал* фæйнæ... — Уыцы цъæмæлтæ-иу уæхи кæрчытæн акал! — лæг нуазæн иуырдæм ассыдта. — Туджджыны хойрагæй дæр сахо- дынц,— æмæ та йын агуывзæ йæ разы æрæ- вæрдта. Пицго йæм фæлæбурдта. Нæ дæр кувгæ, нæ дæр дзургæ: анызта йæ. Ома, мæ нал уадзыс уæд... Бодти та йе ’дзаг агуыв- зæ суагъæйы фарсмæ бабырын кодта. — Цæй,- ды мыл æрзадтæ, ахæсс æй, арахъхъ никуы федтон! — æмæ та дыккаг дæр æнæсалам, æнæдзуапп ратгæ фæдæ- ле и. - Фыссы... Æркæсы йæм. Цыдæртæ дзы аивы. ’ Уалынмæ кæртæй æрбайхъуыст... хъиау-хъиау. Уасæджы хъиахъхъ... Сугсæт- тæн къуыдырыл фæрæты æмыр гуыпп. Ба- зырты тъæпп-тъæпп... Уайтагъд пецы раз февзæрд. Хъæлзæнг сырх уасæг... ’ Сылгоймаг автомат фестад. Цæсты фæ- ныкъуылдмæ пæ фæлтæрд къухты ’хсæн уасæг лопъо-лæгуынæй агæпп ласта. Цал- дæр минуты фæстæ уæларт аджы йæ пæлхъ-пæлхъ ссыди... Стæй стъолыл фæз- дæгкалгæ февзæрд. Æфсины тæлтæг змæлд, уæхсгджын графин, сивыры дзаг маргъы фыд... Цыма йын дохтырæй ахæм хос амынд уыд. Лæгæн йе ’взаджы ахаст афæлмæн, æрнывыл. ’ — Гъеныр уыдон цы митæ сты, уæуу мæнæ... едау фæуат. Рæгъытæ, гаджидæуттæ, сидт-сидты фæ- 134
дыл схойы... Нуазæнтæ... Нард дзиДза, йæ сой кæлы... Уазæг ма йе ’нгуылдзтæ дæр асдæры. — Афтæ æдылы, æнамонд стæм, уый йедтæмæ бæстæ дыргъ куы у... Алчи дæр дзы хæрæд, мæ хæдзарæй хъæуы,— загъта Пицго, графин та йе ’дзагæй йæ разы куы ауыдта, уæд. — Ахæр, æнæбауæндгæ ма фæу,— ха- тыдта йæм ус дæр. — Изæры-иу голджытимæ рацæут. Цас- дæриддæр уæ хъæуа Аæткъуы, кæрдо... Æрмæст талынгæй! — æмæ та сырх уасæ- джы мысалгъы йас сгуы Пицго йæхирдæм фæбырын кодта.
СÆРГÆНДТÆ Царды фæидæгтыл Хъæдын къах Гога Зæд .... Быдзийы чындз Сусæг за,рæг Цæсгом Афтид дыс. (Повесть). Сырх уасæг п п п Дзибуш Федорович Фарниев ВЕРНОСТЬ Рассказы и повесть на осетинском языке Редактор С. 3. X у г а е в Художник А. X. К а д и е в. Художественный редактор X. Т. С а б а н о в Техиический редактор С. X. Г у т и е в а Корректоры М. А. Б у д а е в а, М. Г. Гадзалова ИБ № 389 Сдано в набор 15. 06. 79. Подписано к печатн 28. 08. 79. ЕИ 01711. Формат бумаги 70х901/32. Бум. тип. № 3. Гарн. шрифта литературная. Печать высокая. Усл. п. л. 4,974-0,03 (вкл.). Учетно-изд. лнстов 4,45 + 0,02 (вкл.). Тираж 2000 экз. Заказ № 4009. Цена 35 к. Изда- тельхтво «Ир» Управления по делам издательств, по- лиграфии и книжиои торговли Совета Министров СО_АССР, г. Орджоникидзе, ул. Димитрова, 2. Книжная типография Управлсния по ’делам издательств, поли- графии и книжной торговли Совета Мипистров СО АССР, г. Орджоникндзе, ул. Тельмана, 16. 3 18 25 34 46 64 76 87 132