Author: Воронкова Л.Ф.  

Tags: æрымысгæ  

Year: 1956

Text
                    Л. <Воронкова
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ РАУАГЪДАД
ОРДЖ0НИКИДЗЕ*1956


Л. ВОРОНКОВА СОЛНЕЧНЫЙ ДЕНЁК Псревод на осетинский язык У. Богазова Северо-Осетинское Книжное Издательсюо Орджоникидзе * 1956
КЪÆЙНЫХ КАРК Таня- хуыссыди тыргъы йæ гыццыл сынтæджы. Райсомæй рудзынджы бынмæ уасæг бацыд æмæ йæ тых йæ бонæй ныууасыд. Таня фехъал. Рудзынгæмбæрзæныл схæцыд, кæсы — хур бæрзонд суади. Таня хуыссæнæй рахызт æмæ афтид хæдоны мидæг кæртмæ рацыд. Йæ мад кæрчытæн нæмыг акалдта. — Дзипп-дзипп-дзипп! Быдырæй, уынгæй, кæртæй—алырды- з
гæй дæр, сæ базыртæ цæгъдгæ æмæ хъуыдатт гæнгæ, тахтысты кæрчытæ. — Цæй, куыд фынæй кодтай, Таню- шæ?—-афарста йæ мад. — Æнхъæлдæн, дæ къах дæр нæ атылдтай? Мæ бригад ма йæ куыстдæр фæци—æнæхъæн уыгæр- дæн ныккарстам, ды та нырма ныр рай- хъалдæ! Радзур-ма,дæ фыны цытæ фед- тай? Таня йæ цæст ахаста рæсугъд бæлæ- стыл, скасти: цъæх-цъæхид арвмæ... Ба- каст йæ мадмæ, йæ хъæлдзæг цæстытæм æмæ, мидбыл бахудгæйæ, загъта: — Нæ зонын! Кæрчытæ тагъд-тагъд уыгътой хоры нæмгуытæ. Иу дзыгъуыр æмæ хъуын- джынкъах карк дзы иннæты фæсте аз- зад. Йæ къубал размæ адаргъ кодта, йæ базыртæ ныппака сты, афтæмæй дард кæцæйдæр æрбацæйтахти æмæ йæ- хи Таняйыл скъуырдта. Таня ма, мæ- гуыр, цудгæ дæр фæкодта. — Нæ йæм кæсыс, цы налат у! — загъта Таня. — Адæмы куы’д къуырдты- тæ кæны! Мад та йыл худæгæй амард. — Мæ гыццыл къона, мæ пых- цылсæр, уый дæ карк куы фæцæй- 1 4
фæлдæхта,^- загъта мад. — Згъоргæ, дæ- хи цæхс æмæ дæ къаба скæн, кæнноя дæм ныртæккæ нана аходæн хæрынмæ фæдзурдзæн!
ЗÆРВАТЫЧЧЫТÆ Таня рацыд цæхæрадонмæ. Сирены раз, тæккæ хурварс зад рæсугъд чъи- рифыссæн дидинджытæ. Уыцы дидин- джытæ дада тынг бирæ уарзы, садзгæ дæр сæ йæхæдæг ныккодта. Таня дидин- джытæм йæхи сивæзта —куыд бæрзонд сты. Бавнæлдта дидинæджы бæрзонд зæнгмæ, уый базмæлыд æмæ доны ’ртах сырх дидинæджы къускæй æрхаудта Таняйы цæсгомыл. — Мæнæ та дзы иу дидинæг ракалд- та! — ныхъæр кодта Таня. —Мамæ,. кæс- ма — сæ тæккæ сырхдæр! 6
Таыяйы сæрты цъыбарцъыбур гæнгæ атахтысты лæппын сау зæрватыччытæ. — Сæхи тæхын ахуыр кæнынц, — загъта мад. — Кæсыс, куыд хъæр кæ- нынц, сæ дзыхтæ куыд ныххæлиу код- той —сæ мадæй хæринаг агурынц. Йæ базыртæй сыф-сыф гæнгæ атах- ти мадæл зæрватыкк дæр, тæхгæ-тæхын бындз рацахста æмæ йæ зыд лæппыны дзыхы атъыста. Лæппынцъиу йæ ба- зыртæй спæр-пæр кодта æмæ чысыл ма бахъæуа къалиуæй ма рахауа. Иннæ лæппынтæ та тынгдæр цъиу-цъиу кæнын райдыдтой. Уалынмæ дада дæр æрбацыд. Уый скъæты сыгъдæг кодта бæхты, уымæн æмæ колхозы бæхгæсæй кусы. Дада хихсæны йæ къухтæ ’хсын рай- дыдта. Нана рудзынгæй ауыдта, дада куыд æрбацыд уый, æмæ рахъæр кодта: — Ей, хорз адæм, аходæн хæрынмæ рацæут!
ТАНЯЙЫ ГУЫЛ Дада, нана, мад æмæ Таня — иууыл- дæр бадтысты стъолы уæлхъус. Стъо- лыл уыд стыр æрхуы самовар æмæ йæ тæф фæйнæрдæм калд. хСамовары фарсмæ дурыны та уыд, йæ сæрыл бур цъар кæмæн сбадти, ахæм фых æхсыр. Алкæмæн дæр йæ чашкæ уыд æндæр- хуызон. Нанайы чашкæ уыд цъæх, мады чашкæйыл æрыскъæфтæ конд, Таняйы чашкæйыл та уасджыты нывтæ. Дадайæн чашкæ нæ уыд. Уый цай 8
агуывзæйæ цымдта. Агуывзæйыл та — æрмæстдæр иунæг цъæх хахх—æндæр ницы. Нана пецæй райста тæбæгъы дзаг тæвд картофтæ. Стъолыл ма стыр къу- сы мидæг æрæвæрдта дзидза дæр. Таняйы тæбæгъы та нана æрæвæрд- та пух, хæрзфых гуыл. Таня сцин кодта. — Дада, а-гъа, дæуæн гуыл нæй! Мæнæн та ис! — Уæллæгъи, кæд дæ нæ фæнды... гуыл! — дзуапп радта дада. —Æмæ æз цъæх цъиу куы уынын, ды та нæ. — Кæм ис, кæм ис уыцы цъæх цъиу? — Уартæ бæрз бæласыл бады. Таня рудзынгæй цæхæрадонмæ акаст. Скаст иу бæрз бæласмæ, иннæмæ, хæрис бæласмæ дæр ма скаст. — Кæм ис уæдæ уыцы цъиу? Дада стъолы разæй сыстади æмæ тыргъмæ рацыд, фæстæмæ куы баздæхт, уæд та загъта, цъæх цъиу бæласыл ба- ды, зæгъгæ. — Ма йæм хъус зæрондмæ! — загъ- та нана. —Уый дын барæй афтæтæ дзуры. 9
Таня рамæсты: — Æдзух та мæ сайгæ кæныс, дада! Таня йæ бынаты сбадт, йæ гуылмæ февнæлдта, фæлæ тæбæгъы ницыуал уыд. Таня куы иумæ бакæсы, куы иннæ- мæ —уæдæ гуыл чи айста? Мад худы, фæлæ гуыл уымæ нæй. Нанамæ дæо нæй уæдæ... Дада та дисы бацыд: — Цы? Дæ гуыл фесæфти? Цыма йæ ныртæккæ кæрты ауыдтон... — Куыд кæрты? — Афтæ, кæрты. Æрбацæуын, дын, хæдзармæ, æмæ мыл гуыл хæрхæмбæлд фæци. Æз æй фæрсын: кæдæм цæуыс? Уый мын афтæ: мæнæ, дам, мæхи хурмæ батавон. Акæс-ма йæм, кæддæра ма тыр- гъы ис. Таня тыргъмæ разгъордта. Кæсы, æмæ гуыл хурмæ йæхи тавы. Таня цинæй амард, гуыл фелвæста æмæ фæстæмæ фæзылд. — Ссардтай ма йæ? — афарста йæ мад. — Гъемæ хорз, мæ къона, сбад ныр æмæ цай бацым. Стæй дæ гуыл бахæр тагъддæр, цалынмæ та дын фæстæмæ нæ алыгъд, уæдмæ. ю
Нана та йæ сæр батылдта æмæ хъуыр-хъуыр гæнгæ загъта: — Кæсыс ацы зæрондмæ! Æдзух- дæр æм хъазын цæуы.
СНЕЖОК Хъæуы дзæнгæрæг ныццагътой. Ома колхозонтæн кусынмæ цæуын афон у. Мад йæ сæрбæттæн бабаста, райста халамæрзæн æмæ уыгæрдæнмæ араст. Дада та ацыд колхозы бæхдон- мæ Зорькæйы уынынмæ. Зо’рькæйæн хъуамæ а-дыууæ боны райгуыра байраг, æмæ йæм дадайы зæрдæ æдзухдæр æх- сайы. Таня райста кукла, йæ хъæбысы йæ æрбакодта æмæ уынгмæ рацыд. Кукла йæхи нæ уыд, Алёнкæйы уыдис. Кукла- 12
йы уæлæ ног цъæх джиппæйфыст къа- ба. Алёнкæйын æй нырмазнон бахуыдта. * Уынджы цъæх нæууыл хъазыдысты чысыл сывæллæттæ. Уым уыдысты Бе- рёзкин Ваня æмæ Дёмушкæ — Алёнкæ- йы ’фсымæр, Перепёлкина Катя æмæ Беляк Костя... Семæ уыдис Родионова Аришæ дæр, уый та сывæллæтты зарын ахуыр кодта. Пионертæ-иу чысыл’ сывæллæттимæ арæх хъазыдысты. Аришæ дæр пионер- кæ уыдис. Уый Таняйы ауыдта æмæ йæм фæдзырдта: — Таня, рауай иумæ хъазæм! — Фæцæуын! — дзуапп радта Таня.— Æрмæст мæнæ мæ куклайы искуы сба- дын кæнон! Таня куклайы сæ дуармæ хъæдыл æрцæйбадын кодта. Фæлæ дуары бынæй Снежок рагæпп ласта, уый та уыд цæр- дæг æмæ фыдуаг куыдз. Нырма кæд раджы уыд, уæддæр Снежок алы ран дæр абæрæг кодта: фæмидæг хъомдоны, йæхи асæрфта хуыты бæлæгъыл, азгъордта доныбыл- мæ æмæ, кæсаг чи ахста, уыцы лæппу- ты ведрайæ иу кæсаг фелвæста. Фæс- тæмæ куы ’рбаздæхт, уæд ма йæ тæгæ- 13
найы зноны басæй чи аззад, уый ахордта æмæ аууоны æрхуыссыд—йæ зæрды уыд афынæй кæнын. Фæлæ Таняйы куы ауыдта, уæд йæхи нал баурæдта æмæ йæ алыфарс гæппытæ систа, лæбурдта йын йæ къабамæ куы иуырдыгæй, куы иннæрдыгæй. — Ацу æттæмæ! — схъæр кодта куы- дзыл Таня. —Ацу дын куы зæгъын! Таня куыдзы асхуыста æмæ æвип- пайды кукла йæ къухтæй æрхауд. Сне- жок та цыма уымæ æнхъæлмæ каст, уыйау æм багæпп ласта, кукла фелвæ- ста æмæ уынджы дæлæмæ ныййарц. Сывæллæттæ ныххудтысты. — Хæц ыл! — ныхъæр кодта Дё- мушкæ. Таня куыдзы асырдта: — Æри мын мæ кукла! Æри кукла, фыдуаг! Фæлæ Снежок афтæ згъордта, æмæ йыл цæст дæр нал хæцыд. Æвæццæгæн æм афтæ фæкаст, æмæ Таня йемæ хъаз- гæ кæны. Уынгæй ахызт, хъазты ных- хæлиу кодта æмæ хæристы фале, цады раз, къудзиты ’рдæм фæзылд. Таня уа- дис йæ фæстæ — раздæр фæндагыл, стæй суанг хъæды онг, быдырты. Куыдз уай- 14
тагъд къудзиты аууон фæци. Таня ма æрмæстдæр ауыдта, йæ урс хъуынджын къæдзил къудзиты æхсæнæй куыд ферт- тывта уый, æмæ æрлæууыдис.
ТАНЯ ÆРБАХÆЦЦÆ ХЪÆУМÆ Таняйы алыфарс уыдис бæрзонд кæрдæг. Кæрдæджы ’хсæнæй зындысты алыхуызон рæсугъд дидинджытæ. Къæн- дзыджытæ та ныххæцыдысты Таняйы къабайыл. Кæрдæджы астæуæй алы хъæлæстæй цъырцъыр кодтой цъыр- цъырæгтæ. Таня фæстæмæ фæкаст. Ницы йæм зыны, æрмæст дидинджытæй быдыр хъулон дары. Стæй уыны, Снежок цы фæрвы къудзитæм балыгъд, уыдон, æмæ 16
дард кæмдæр та — бæрзонд, æнкъард- хуыз нæзы бæлæстæ... — Снежок! — фæсидти Таня. —Сне- жок, кæм дæ? Цæуы дарддæр, бахæццæ суанг къу- дзиты онг. Къудзиты бын уыди сатæг, аууон, сæ алыфарс та хæрз сабыр. Таня тæрсын райдыдта. Фæстæмæ фæзылд, тæхын афæлвæрдта... Фæлæ кæдæм? Нæ дзы къахвæндаг, нæ ’ндæр, стæй хæдзар дæр кæцырдыгæй ис, уый нæ зоны. Таня схызт къуыбырмæ, йæ алыфарсмæ акаст æмæ скуыдта. Фыц- цаг сындæггай, стæй хæкъуырццæй кæ- уын райдыдта. Афтæ йæм каст, цыма ныр йæ мады дæр никуыуал фендзæн, стæй йын нана гуыл никуыуал скæндзæн, дада та йæм бæхдоны размæ нал рацæу- дзæн, æмæ йæ тых йæ бонæй ныхъæр кодта: — Мамæ-æ! Мамæ! Фæлæ йын дзуапп дæттæг нæ уыд, æрмæст æхсæры къудзитæ сæ дæрзæг сыфтæртæй цыдæр сыбар-сыбур кодтой. Æвиппайды дардæй къудзиты ’хсæн- ты Танямæ фехъуыст зарæг. Фе- хъуыст æмæ уайтагъд банцад, цыма йæ 2 Хур бон * ’
дымгæ искуыдæм ахаста, уыйау. Таня сцин кодта: уæдæ кæмдæр хæстæг адæм ис, æмæ зарæг кæцырдыгæй фехъуыст, уыцырдæм азгъордта. Къудзиты бынæй Танямæ сæ сæртæ тылдтой дзæбæх тæф- гæнаг дидинджытæ. Æрдузты йæм кæр- дæджы хсæнтæй кастысты сырх æры- скъæфтæ... Фæлæ сæ Таня хъуыды дæр нæ кодта, размæ згъордта. Бæрз æмæ ’хсæр бæлæстæ фæсте аззадысты æмæ Таня рахæццæ фæтæн хурæфсæст уыгæрдæнмæ. Карст кæрдæг рæнхъытæй лæууыд. Уыгæрдæнæн йе ’ннæ кæрон колхозонтæ хос ссывтой. Се ’хсæн Таня базыдта йæ мады. Карсты згъорæи нæ уыди, æмæ Таня. уыгæрдæныл сабыргай цыд. Уалынмæ йæ мад дæр ауыдта: — Ам та цы ми- кæныс? — Снежок мын мæ кукла адавта: æмæ йæ фæстейы расырдтон,— загъта’ Таня. — Æмæ уæд дæ кукла кæм ис? — Нæ зонын. Кæмдæр æй бамбæх- ста... — Фæлæу, фæлæу, мах бацамондзы- стæм уыцы фыдуаг Снежокæн! Мад Таняимæ ныхас кодта, фæлæ 18
уæддæр йæ хос ссивын нæ уагъта. Уый цыдис иннæ колхозонты фарсмæ. Хос йæ халамæрзæны бын сыф-сыф’ кодта. — Мамæ, къудзиты бын дуне æры- скъæфтæ ис! — Гъемæ цу æмæ дзы дæхицæн æртои. — Æмæ иунæгæй нæ уæндын... Цом ды дæр. — Нæ, мæ къона! Нæ мæ ’вдæлы, — загъта мад. Æз бригадир дæн. Нæбрига- дæ та Маряйы бригадæимæ ерыс кæ- ны. Æмæ дæ мад фæсте баззайа, уый дæ фæнды? Уæртæ ма кæс, Маряйы бригадæ куыд кусы, хæлæф кæны. Таня акаст сыхаг хаймæ. Уым кол- хозонтæ æмбырд кодтой ног карст кæр- дæг. Таня дыууæ хайыл дæр йæ цæст ахаста — кæддæра фылдæр хос кæмæ ис? Марямæ . æви йæ мадмæ? Мадмæ, æвæццæгæн, фылдæр ис... Таня дæр аххуыс кæнид бæргæ, фæлæ халамæр- зæн нæй. — Танюшæ, нæ фæлæ нæхимæзгъор- гæ/кæннод тагъд сынтæф уыдзæн,— загъта мад. — Æмæ кæцырдæм ацæуон? Фæн- даг нæ зонын,—дзуапп радта Таня. 19
Мады фарсмæ цы ус уыд, Наталья, зæгъгæ, уый ныххудтис: — Цыма тынг дард ацыдтæ! — Танюшæ, уæртæ Серёжæ Таланов хъæумæ цæуы—уый дæ аласдзæн, згъор- гæ йæм! — загъта æрыгон чызг Настя æмæ ныхъæр кодта. — Серёжæ! Таню- шæйы сæхимæ бахæццæ кæн! Уыгæрдæны рæзты, уæрдонвæндагыл фæцæйцыд дыууæ бæхы хосгæрдæны ифтыгъдæй. Хосгæрдæны æфсæйнаг цæлхытæ хурмæ æрттывдтытæ калдтой. Бæхты тардта æрыгон лæппу. Уый бад- тис, йæ бур къепкæ сæры тенкайыл хъал конд æркæнгæйæ, æмæ-иу бæхтыл схъæр кодта: — Цæй, цæй, фезмæлут! Нæхимæ, нæ фæллад уадзынмæ — цæй-ма! Серёжæ Таняйы хосгæрдæны бадæ- ныл сбадын кодта, йæхæдæг та фистæ- гæй цыд, бози йæ къухы, афтæмæй. Хосгæрдæны бæрзонд бадæнæй Та- нямæ зындысты цавæрдæр хæдзæртты сæртæ. Хæдзæрттæй иуы фарсмæ задис бæрзонд бæлæстæ. Танямæ афтæ ’фæ- каст, цыма ахæм бæлæстæ кæмдæр фед- та... 20
— Уый кæй колхоз у? — афарста Таня. — Ай-ай-ай! — ныххудти Серёжæ. — Нæхи хъæу нал базыдтай? Таня сцин кодта. Уæдæ сæ хæдзар- мæ бынтон. хæстæг у... Æцæгдæр афтæ, уый сæ хъæу у. Бæрз бæлæстæ дæр сæхи бæлæстæ сты, сæ кæрты чи зайы, уыдон. Таня ахъуы- ды кодта: куыд хорз уыдзæн, хъæумæ хосгæрдæныл куы бацæуа, уæд! Æрмæст ма чызджытæ уынджы куы уаиккой. Æмæ хъуыддаг, ^Таняйы куыд фæн- дыд, афтæ рау-ад. Йе ’мбæлттæ уыды- сты уынджы^Нюрæ дæр æмæ Алёнкæ дæр, æмæ чысыл лæппутæ дæр. Иууыл- дæр лæууыдысты æмæ кастысты, Таня хосгæрдæныл сæ рæзты куыд æрцæй- цыдис, уымæ.
ХЪЫГАГ НЫХАС Серёжкæ Таняйы раргъæвта хъæуы астæу. Йæ алыварс сывæллæттæ амбырд сты: — Кæм уыдтæ? Таня сын дзурын райдыдта, зæгъгæ, сæ хæдзарæй дард ацыдис, хъæды фæ- дзæгъæл, дыууæ бирæгъы бæлæсты фæстæ бамбæхстысты æмæ йыл сæхи ныццæвынмæ хъавыдысты, фæлæ нæ бауæндыдысты... Алёнкæ йæ æвиппайды афарста: — Æмæ мæ кукла та кæм ис? 22
Таня ницыуал сдзырдта, хъæд æмæ дзы- бирæгътæ дæр æрбайрох сты. Ком- коммæ Алёнкæмæ каст, æмæ цы загъ- таид, уый нæ зыдта. Алёнкæ бамбæр- ста, хъуыддаг хорз кæй нæу, уый. — Æри мæ кукла! — загъта уый. Уыцы заман тыргъмæ нана рацыди. — Татьянкæ! — рахъæр кодта нана.— Рауай цармæ схиз — æйчытæ æрæмбырд кæн! Таня фæцæрдæг. — Æз дын æй уый фæстæ æрба- хæсдзынæн! — загъта Алёнкæйæн æмæ сæхимæ азгъордта. Цы хорз бакодта нана, Таняйы кæй фервæзын кодта, уымæй! Таня бацыд, цармæ цы асин æвæрд уыд, уымæ, фæлæ схизын нæ бауæн- дыд. — Цæй, хизыс? — афарста йæ нана. — Нæ уæндын... Асин куы рахауа, уæд та? — Асин нæ рахаудзæн, —загъта на- на, —фæлæ æйчыты чыргъæд куы ’рха- уа дæ къухтæй, уымæй тас у. Фæлтау иумæ схизæм — нæ иу æйчытæ æмбырд кæндзæн, не ’ннæ та чыргъæдыл хæц- дзæн. 23
Цары уыди сабыр æмæ рухс. Гыц- цыл рудзынгæй мидæмæ хур каст. Цары уыди дунеуисæйттæ ауыгъд —нана æмæ сæ Таняйы мад зымæгмæ бацæттæ кодтой. Уисæйттæй цыд бæрзы карз тæф. Къулрæбынты уыдис хъæмпæй æф- туантæ. Уыдон уыдысты кæрчытæн конд. Ардæм æйчытæ æфтауынмæ фæ- цæуынц. — Цæй, æйчытæ æмбырд кæнæм,— загъта нана. — Хæц чыргъæдыл. Таня хæцыд чыргъæдыл, нана’ та æфтуантæй æйчытæ иста æмæ сæ чыр- гъæды æвæрдта. Алы æфтуаны дæр ма фæйнæ айчы баззад кæрчытæн рæвду- аытæн. — Уæртæ ма уыцы æфтуан фен,— ницы дзы ис, цымæ? — загъта нана. Таня йæ федта. — Æппындæр дзы ницы ис. — Æфтуаны раз айчы цъæрттæ дæр нæй? . ,— Нæй. Иу цъары мур дæр дзы нæй! — Ай мардæрцыды хъуыддаг нæу! Цыдæр сырд æйчытæ хæры, бахъахъæ- нын æй хъæуы! Таня æвиппайды нанайы куатæйыл 24
фæхæцыд: талынг къуымæй йæм фæзынд цавæрдæр даргъ бур-бурид дæндæгтæ. — Нана, уæртæ уыцы сырд! — Кæм и сырд? — Уæртæ йæ дæндæгтæ ныззыхъыр кодта. — Ацу, æнæзонд! —загъта нана. Уый „сырдмæ" комкоммæ бацыд, йæ дæндæгтыл ын ныххæцыд æмæ йæ къуы- мæй раласта. Таня йæм лыстæг бакаст — уый ра- зындис, зымæгон нана къуымбил цы пирæныл фæпиры, уыи. — Цæй? Тæссаг сырд у? Таня ныххудтис: — Æз та афтæ фенхъæлдтон, æмæ æйчытæ уый давы!
ХЪЫБЫЛ Таня цары рудзынджы размæ ба- цыд, бынмæ ныккасти—ух, куыд бæр- зонду! Рудзынгæй Таня ауыдта Алёнкæйы, уый кæрты хъæдыл бадт æмæ-Танямæ æнхъæлмæ касти. Таня æрæнкъард: ныр куыд кæна! Цы зæгъдзæн Алёнкæйæн? Уæд та искуы бамбæхсид... 26
Таня царæй æрхызт æмæ сусæгæй хъомдонмæ бацыд. Уырдыгæй та быдыр- мæ... дард искуыдæм алидзынвæнд кодта. Фæлæ фысдоны цур хъæмпыл фæбырыд æмæ дуары æхкæнæныл фæхæцыд. Æх- кæнæн æвиппайды рахаудта æмæ дуар фегом. Фысдоны та уыдис хъыбыл. Къуын- дæг æмæ æнуд фысдоны хъыбыл тынг тыхстис. Æмæ дуар куы фегом, уæд йæ сæр фæхъил кодта, сыгъдæг уæлдæфæй сулæфыд, фыр цинæй схъох-хъох кодта æмæ фысдонæй уыцы-иу гæпп рала- ста. — Уау! — ныхъæр кодта кæрты Алёнкæ. Таня лæууыдис фысдоны дуары фæ- стæ æмæ, хъыбыл куыд абухта, уымæ каст. Уый йæ сæр тилгæ, кæрты къуымты дыууæрдæм кодта, фыр цинæй хъох- хъох æмæ хъыллистытæ кæнгæ. Баз- гъордта бандонмæ æмæ йæ фæуæлгом- мæ кодта, дон цы тасы уыд, уымæ дæр бауад, афæлдæхта йæ, æмæ дон акалд. Стæй Алёнкæйы ауыдта æмæ йæм тагъд- тагъд асирдта. Алёнкæ ныхъæр кодта æмæ кæртæй лидзынмæ фæци, йæ цъæх къаба ма уынджы ферттывта. •27
— Цы хорзу! — ныххудти Таня.Стæй уый фæстæ ныхъæр кодта: — Нана, нана; тагъддæр—хъыбыл ралыгъди!
хыл Таняйы куклатæ цардысты бандоны бын. Сæ иуырдыгæй фарс уыди нана- йы чырын, иннæрдыгæй та дæргъытæ æмбæрзæн. Сынтæгæн сын уыд суджы лыггаг, йæ уæлæ гобан æмæ хъулон- мулон хъæццул. Иннæ суджы лыггаг урс æмбæрзæнæй æмбæрзтæй—уый уыд стъол. Зестын къоппы та уыдис кукла- ты дзаумæттæ. Таняйы куклатæ уыдысты, хæцъил- тæй конд, сырхуадул, сæсæры хъуынтæ та фысы фистæй. 29
Таня йæ къух йæ роцъомæ сбыцæу кодта, æмæ сæ разы æнкъардæй бадт. „Уæд та Алёнкæйæн Грушæйы рат- тин? Æвгъау у... Сырх кофтæ йыл ис. Матрёшæйы? Уый дæр æвгъау у. Дунь- кæйы? Дунькæ æвгъау нæу. Йæ цæсгом чъиллон, стæй йыл сæры хъуынтæ дæр нал ис. Фæлæ Алёнкæ Дунькæйы куы нæ бакома". Уыцы заман къæсæрæй æрбахызт Алёнкæ. Таня фæсырх æмæ уайтагъд æмбæрзæн ахкæдта. — Æри мын мæ кукла! — загъта Алёнкæ. — Кæм ис? — Фынæй у, — загъта Таня — Кæм фынæй кæны? Равдис-ма! — Нæ дын æй равдисдзынæн! — Уæдæ йæ нæ дгеттыс, нæ? Алёнкæ æмбæрзæныл схæцыд. Хæ- дзары уыдис æрмæстдæр Таняйы кук- латæ, фæлæ дзы Алёнкæйы ног, рæсугъд кукла нæ уыд. — Æри йæ! — ныхъæр кодта Алён- кæ.—Кæннод дын сæ. ныртæккæ... Кæс- ма! Кæс! Æмæ Таняйы куклатæ алы къуымты хæлиу кæнын райдыдта. Сырх кофтæ- джын Грушæйы афтæ бæрзонд фехста, 30
æмæ хæдзары иннæ къуыммæ атахт, тъæ- пæнæджы доны йæ тъæпп фæцыд. Таня рамæсты. — Ацу ард-ыгæй! — схъæр ыл кодта уый. — Ацу! Таня фæлæбурдта цъылынмæ æмæ. дзы Алёнкæмæ февзыста. Алёнкæ фæ- тарст, рацæйуад æмæ, къæсæрыл на- найыл хæрхæмбæлд фæци. — Цы кодтат, цæуыл хыл кæнут? — загъта нана. Таня æмæ Алёнкæ кæрæдзийæн дзыр- ды бар нал лæвæрдтой... — Мæ куклатæ мын ныххæлиу код- та! Иуы та дзы доны ныппæрста, кæс- ма, куыд сивта! — Мæ кукла мын нæ дæтты! Раттæд мын æй! — Æмæ йын цæуылнæ дæттыс йæ кукла, и? — афарста нана. Таня йæ сæр æруагъта æмæ нык- куыдта. Нана йæ йæ хъæбысы æрба- кодта: — Цæуыл кæуыс? Ратт ын æй æмæ лæууа! . Таня йæ сæр нанайы кофтæйы бам- бæхста: — Æмæ йын æй куыд раттон, Сне- 31
жок æй кæдæмдæр къудзитæм куы аха- ста, уæд! Нана Таняйы сæр æрсæрфта æмæ йын загъта: — Æмæ ууыл та цы загъд кæнут! Æз уын ноджы хуыздæр æмæ рæсугъд- дæр кукла скæндзынæн!
СИХОР АФОН Дзæнгæрæг ныццагътой,—уыд сихор хæрын афон. Мад йæ куыстæй æрцыд æмæ йæ халамæрзæн тыргъы раз æрæ- вæрдта. Таня йæ размæ разгъордта. — Мамæ! Кæй бригад фылдæр ба- ;куыста —дæууон æви Маряйы уон? Мад бахудтис: — Мæнон! — Уæдæ ныр æрыскъæф тонынмæ цæудзыстæм? — Таня, уый та куыд? — загъта мад. уайдзæфгæнæгау.—Мах фестæм нæ хай, фæлæ Маряйы бригадæ нæма фæци. 3 Хур бон. 33
— Æмæ йæ фæуæнт! — Стæй уарын куы райдайа, уæд та? — Æмæ райдайæд! Маряйы хос куы у! — Маряйы дæр нæу æмæ мæн дæр, фæлæ мах, колхозон, иумæйаг хос у. Мах кæд нæхи уы.гæрдæн фестæм, уæд хъуамæ Маряйы бригадæйæн дæр бах- хуыс кæнæм. Хос фыл’дæр куы ’рцæттæ" кæнæм, уæд нæ колхозы фылдæр фос уыдзæн. Фос дзы цас фылдæр уа, уыйас та колхоз хъæздыгдæр уыдзæн. Æмæ нæ колхоз цас хъæздыгдæр уа, уыйас нæ дыууæ ды та хуыздæр цæрдзыстæм! Бамбæретай? Цу ныр сенæмæ, уазал дон радав, æз мæ къухтæ цæхсон, кæинод хъоммæ хъуг дуцынмæ цæуын хъæуы! Мад йæ хидæйдзаг, хурсыгъд цæс- гом куатæйæ ныссæрфта, йæ къухтæ цæхсадта, райста къæрта æмæ фæзмæ хъуг дуцынмæ ацыд. Уыцы афон-иу хъуццытæ къудзиты бын аууоны ривæд кодтой. Таия дæр йæ фæстæ фæраст. Фæлæ ма искæмæ куы фæдзурид! Уæд та сы- хæгты чызг Нюрæмæ? Нюрæйы нæ фæндыдис цæуын, фæлæ 34
ахъуыды кодта, мæхи цынайдзынæн, зæгъгæ, æмæ рацыд. Таня дызæрдыг кодта: Алёнкæйы акæна æви нæ. Кæд, мийаг, фæтæргай æмæ мæсты у, фæлæ Алёнкæ ауыдта, чызджытæ быдырмæ кæй фæцæуынц, æмæ сæм йæхæдæг разгъордта. Дёмуш- кæйæн та зæгъын дæр нæ хъуыд, æнæ- уый дæр сæ цух никуы уагъта. Хæдзары баззадис æрмæст Снежок. Уый йæ сæрыл схæцыд, тыргъы бынæй сæм ракасти æмæ та фæстæмæ æрхуыс- сыд, цæмæ згъора, сатæджы хуыздæр куы у, уæд... Ноджы ма йын Таня йæ хъустæ хорз фæивæзта, быдырæй куы ’рбаздæхтис, уæд. Уадз æмæ цæуой сæ- хæдæг... Фæлæ чызджытæ куы ацыдысты, уæд Снежок æрæнкъард. Йæ бынатæй фе- стад æмæ, йæ хъустæ тилгæ, сæ фæстæ азгъордта. Цыдысты хлепайы хуымты ’хсæнты тæвд урсбын фæндагыл. Сæ алыфарс ницы зындис, цъæх арв æмæ бæрзонд хлепайы æфсиртæ йеттæмæ. Уыдон- хæццæ кодтой мады сæрмæ, сæ цыл- лæхуыз рихитæ-иу сæхи йæ рустыл асæрфтой. 35
— Ацы аз хорз хлепа æрзад,— загъ- та мад, — кæсут-ма, йе ’фсир цæхæры хуызæн куыд ракалдта! Хлепайы хуымты фале дидинæгджын уыгæрдæны лæууыдысты чысыл хæ- дзæрттæ. Уый уыд колхозы бындздон. Мыды бындзытæ дидинджыты сæрмæ дыв-дыв гæнгæ ратæх-батæх кодтой. — Сындæггай цæут, — загъта мад.— Ма разгъор-базгъор кæнут, кæннод мыды бындзыты смæсты кæндзыстут. Таня йæ мады фæстæ бамбæхст, йæ. юбкæйы фæччийыл ын ныххæцыд. Алён- кæ дæр хъавгæ цыд æмæ йæ алы фарс- мæ æдзынæг касти, кæд, æм, мийаг, мæ- стыгæр мыды бындз æрбатæхы. Нюрæ та бынтондæр ныхъус, цыма улæфгæ дæр нал кодта, уыйау. Æвиппайды Дёмушкæ æрлæууыд æмæ ныхъæр кодта: — Алёнкæ! Уый лæууыдис æмæ йа къухæй сырд- та, йæ сæрмæ цы мыды бындз дыв-дыв кодта, уый. Фæлæ йæ къух цас тынг- дæр тылдта, уыйас мыды бындз мæсты- дæрæй дыв-дыв кодта. Дёмушкæ аз- гъордта æмæ йын раст уыцы минут, мыды бындз йæфатйæ тæккæ русы фæ-, 36
цавта. Дёмушкæйæн йæ рус афтæ тынг фæрысти, цыма йын æй исчи судзгæ бакодта, уыйау æмæ ныккуыдта. — Ма тæрс, — загъта мад. — Нал рис- дзæн! Дёмушкæ ма акуыдта, стæй банцад. Хъом кæм ривæд кодтой, уыцы ранмæ куы бахæццæ сты, уæд сеппæт дæр Дё- мушкæмæ бакастысты æмæ ныххудты- сты... Йæ рус арæсыд, цыма йæ дзыхы æнгуз бамбæхста, уыйау. — Дёмушкæ! Равдис-ма, дæ русы къуымы цы бамбæхстай?
ДОНЫ БЫЛ Фос ривæд кодтой доны был хъæд- быны. Хъуццытæй иутæ лæууыдысты, иннæтæ хуыссыдысты бæрз бæлæсты ’хсæн аууон æмæ уæззаугомау сынæр цагътой. Дыууæ хъулон хъуджы сæ- уæрджыты онг доны бацыдысты æмæ уым æнцад лæууынц. Колхозы хъугдуц- джытæ хъуццыты дуцын райдыдтой. Фермæйы хъуццытæ сеппæт дæр уыды- сты стыр, сау æмæ сыл урс хъулæттæ. Цъæх æрдузы, бæрз бæлæсты аууон лæууыдысты стыр урс бидонтæ. Хын- 38
цæг Петя Дроздов лæууыдис бидонты раз. Хъугдуцджытæ йæм хастой уæззау, æхсырæй седзаг къæртатæ: — Ацы æхсыр — Зорькæйæ... — Ацы æхсыр — Красоткæйæ... — Ацы æхсыр — Ласточкæйæ... Хынцæг барста, хъуццытæй чи цас æхсыр дæтты, уый, æмæ йæ бидонты кодта. Таняйы мад йæ хъуг агурæг ацыд. Сауцæст урс Милкæ хуыссыд къудзийы бын. Уый йæ хицауы куы федта, уæд сыстад æмæ йæм йæ бырынкъ бадардта: „къæбæр нæй"? Мад Милкæйæн къæ- бæр радта, æрсæрфтытæ йæ кодта æмæ йæ быны дуцынмæ æрбадт. Чызджытæ сæхи доны надтой, сæ цъыбарцъыбур æмæ хъæр дардыл азæл- ди. Таня бирæ уарзта сæ цæугæдон. Æмæ йæ куыд нæ уарза — сабыр, рæ- суг, йæ бынæй дуртæ ’мæ сæтæлхъуз- джытæ уыцы хуызæнæй зынынц. Дон æрмæстдæр уæрджытæм кæм хæццæ кæны, уым найынмæ хорз у. Фæ- лæ уæртæ иннæ былыл стыр бæлæсты бын дон тару, стæй дзы змæлы цавæр- дæр хъуынджын зайæгойтæ. Æмæ бур дидинджытæ та раст фыддæрагæнау уым 39
зайынц. Уыцы дидинджытæй та рæсугъд хæлттæ скæнæн ис, ноджы ма сæ кук- латæ саразæн дæр ис. Фæлæ дзы чи ’ртона! Суанг ма сæм Алёнкæ дæр нæ бауæнддзæн. Уалынмæ доны былмæ лæппутæ ’рба- цыдысты. Уыдон чызджыты рæзты дон- дон уæлæмæ ссыдысты — куыннæ, исты тæнæг ран найын сæ сæрмæ хæссынц! Иу цасдæры фæстæ малæй æрбаленк кодта Серёжкæ Таланов, уый дзаламæ бабырыд æмæ цавæрдæр æнахуыр сыр- ды хъæлæсæй ныууасыд. — Чызджытæ фыццаг фæтарстысты.. Стæй Серёжкæ у, уый куы базыдтой, уæд æй иу ран нал уагътой: — Дидинджытæ ма нын æртон! Серёжкæ арф ран æрлæууыд, — дон ын уыдис йæ астæумæ. — Адон дæр мын сæхи найынц!— бахудт сыл уый. — Ам фæныгъуылæн дæр куы нæ ис. Эх, ницæйаг стут, æвæдза! Фæлæ сын уæддæр дидинджытæ аер- тыдта æмæ сæ былмæ раппæрста. Йæ- хæдæг та фæстæмæ малмæ аленк кодта. Мад хъуджы æрдыгъта æмæ доны былмæ бацыд. 40
— Тагъд донæй сыстут! — фæхъæр сыл кодта уый. — Куы ныцъæх стут. Сæхи бар сæ-уадз, уæд доны бадиккой!
ДАДАЙЫ КЪАЛОС Сихоры фæстæ мад фæстæмæ уы- гæрдæнмæ ацыд. Нана тъахтиныл йæхи æруагъта, мæ фæллад суадзон, зæгъгæ; дада та йæхи дыргъдонмæ айста. — Нана, кукла дæ ферох ис? —афарс- та Таня зæронд усы. Фæлæ нана йæ къух ауыгъта, цыма йæхицæй бындз сырдта, уыйау. — О, нæ мæ ферох... Ауай, чысыл мæ мæ улæфт суадзын бауадз!.. Æмæ къулы ’рдæм азылд. Хæдзар æрсабыр. Таня уынгмæ рацыд. 42
Æтте уыд тынг æнтæф. Хур афтæ тавта, æмæ зæххыл бæгъæввадæй æр- лæууæн нæ уыд. Мæргътæ басабыр сты... ,Кæрчытæ сирены аууон бамбæхстысты æмæ, сæ дзыхтæ ныххæлиу кæнгæйæ, хуыссыды- сты. Хъазтæ та тасы алыфарс æрæм- бырд сты, сæ сæртæ-иу доны фæтъы- стой, æмæ-иу сцъыбарцъыбур кодтой. Стæй нæл хъаз тасмæ бахызт æмæ йæ астæу сбадти. Дон тасы сæрты акалди, хъаз та йæхицæй ныббузныг уæвгæйæ, тасы йæ базыртæй дон цъæпп-цъæпп кодта. Тасæй куы рахызти, уæд ма дзы дон хæрз чысыл аззад, уый дæр бын- тон чъизи. Таня бакасти тыргъы бынмæ: — Снежок, ам дæ? Куыдз дæргъкъахæй æнцад хуыссы- дис. Йæ иу цæст байгом кодта, Танямæ бакастæмæ йæ фæстæмæ бацъынд кодта: дæуыл нæ дæн, æнудæй сæфын! Таня уынджы сæмбæлдис Алёнкæйыл: — Цом быдырмæ дидинджытæ то- нынмæ? Нæхицæн дзы веноктæ сби- дзыстæм. — Цом! — загъта Алёнкæ. Чызджытæ уыгæрдæнмæ ацыдысты. 43
Куыддæр хъæугæронмæ ахæццæ сты, афтæ хъæуыл зилгæдымгæ æрбацыд. Цады сæрмæ хæрис бæлæстæ бауынæр кодтой, фæндагыл хъæмпы æмæ хосы хæлттæ зилын райдыдта. Сарайы фæсте- йæ сау мигъ йæхи сисга æмæ арв æр- бахкæдта. Хъæугæрæтты кæрæдзийы фæстæ стыр сараты ’рдæм атахтысты цалдæр уæзласæн машинæйы, сæ уæ.лæ хос цъуппамад, афтæмæй. Машинæтæ æвип- пайды æрлæууыдысты сарайы раз. Кæ- бинæтæй тагъд-тагъд рагæппытæ кодтой, хосгæрдынæй чи ’рцыд, уыцы колхо- зонтæ. Шофертæ дæр рахызтысты. Æмæ иууылдæр, хос баст кæмæй уыд, уыцы бæндæнтæ халын райдыдтой, мигъмæ скæс-скæс кæнгæ. Æрбахæццæ колхозы сæрдар Степан Петрович дæр. — Цырддæрæвналут!—загъта уый.— Ныртæккæ уарын райдайдзæн. Хос машинæтæй ракалдтой эйиæ йæм иууылдæр æфснайынмæ фесты. Хос-иу сагойыл фелвæстой æмæ йæ сарамæ бадавтой. Колхозы сæрдар йæхæдæг дæр хаста—уый-иу сеппæтæй фылдæр хос фелвæста йæ сагойыл. 44
Хъомдоны раз чхъугдуцджытæ бидон- тæ æхсадтой. — Кæсут-ма, цы мигъ æрбацæуы, уымæ! —фæхъæр кодта хынцæг Петя Дроздов. Афтæмæй нырма хос æфснайд нæма у. Чызджытæ, бидонтæ ныууадзут, цомут æмæ сын аххуыс кæнæм! Хос ныххуылыдз уыдзæн! Хъугдуцджытæ сæ къæртатæ æмæ бидонтæ дæлбазыры бын авæрдтой æмæ Петяйы фæстæ саратæм хос æфснайын- мæ азгъордтой. — Алёнкæ, æмæ мах та цы лæу- уæм? — фæхъуыды кодта Таня. — Цæй æмæ сын мах дæр аххуыс кæнæм! Уыдон дæр сарамæ азгъордтой, къу- лы ’нцойæ халамæрзæнтæ райстой æмæ хос æмбырд кæнынмæ февнæлдтой: дым- гæ йæ кæрты къуымты ныххæлиу кодта. — Мæнæ цы хорз чызджытæ ис!— загъта сын Степан Петрович. — Афтæ хъæуы, мæ хуртæ, афтæ! Колхозы исбо- ныл тыхсын хорз у. Æмæ куыддæр хос æфснайд æрцыд, афтæ та зилгæдымгæ ногæй фæзынд, ныууынæргъыдта æмæ хæдзæрттыл фут- тытæ кæнгæ ацыд. 45
— Уад æрбацæуы, — загъта Алён- кæ.— Лидзæм нæхимæ! Дыууæ чызджы азгъордтой. Дымгæ сын сæ къабатæ тылдта, сæ дзыккутæ сын спыхцыл кодта. Куыддæр тыргъмæ бахæццæ сты, афтæ уæлхæдзары дуртыл уарыны ставд æртæхты гыбаргыбур ссыд. Къæвда уыцы-иу калд ныккодта. Суанг ма хурæн дæр йæхи æмбæхсын йæ бон нал баци, афтæ, æвиппайды нык- калдта. Æмæ хур кæй касти, уымæ гæс- гæ къæвда æрттывдтытæ калдта, цыма арвæй зæлланггæнаг æвзист æхцатæ хауди, уыйау. Уайтагъд кæрты сахадæттæ азгъорд- той, хъомдоны раз дон смал ис. Къæвда куыд æвиппайды райдыдта, афтæ æвиппайды фæци, цыма исчи стыр боцкъайы дзаг дон рафæлдæхта, уыйау. Ноджы ирддæрæй касти хур, ноджы тынгдæр ракалди хæрисбæласы адджын тæф. Æгас хъæуы дæр хъуыстис уас- .джыты уасын. — Уæртæ ма дон куыд тынг смал! — загъта Таня. — Ныр уым лодкæ ауадз! — Æмæ нæм кæм ис лодкæ? — ба- •фарста йæ Алёнкæ. ’ Тыргъы лæууыдысты дадайы къа- 46
лостæ. Таня базгъордта æмæ дзы иу раскъæфта. — Мæнæ дын лодкæ! Къалос аленк кодта. Фæлæ уайтагъд йæ хуылфмæ дон бакалд. Къалос суæз- зау, стæй иуфарсырдæм фæкъул, ай- дзаг æмæ доны бын фæци. Уыцы рæстæг хыргъмæ рацыд дада. — Эй, зæронд! — ныхъæр кодта уый.—Мæ .къалос та кæм ис? — Æз ын цы зонын!—дзуапп ын рад- та нана. — Кæм сæ ныууагътай! — Мæнæ ам лæууыдысты! Сæ иу ма ам ис, фæлæ иннæ никуыцæй зыны. Гъы, мæн цæуын хъæуы—адон къалос цыдæр фæкодтой! Таня æмæ йæ Алёнкæ тагъд-тагъд малы агуырдтой. Стæй сластой къа- лос, йæ дон ын акалдтой, фæлæ йæ аф- тæ донластæй дадамæ куыд раттаик- кой? Дада ма ахъуыр-хъуыр кодта. æмæ иу къалосы мидæг бæхдонмæ ацыд. Таня тыргъмæ хъуызгæ базгъордта æмæ къалос уым авæрдта. Уый фæстæ Алёнкæимæ хъæдыл сбадтысты æмæ ■сæхи хурмæ хус кæнын райдыдтой. Чысыл фæстæдæр нана тыргъмæ 47
рацыд, къалосмæ бакаст æмæ йæ сæр батылдта: — Ай нæ зæрондæн йæ зонд цæуын куы райдыдта! Æнæхъæн сахат йæ къалос фæцагуырдта, афтæмæй йæ цæ- стыты бын уыдис. Таня йæм нал фæлæууыд. — Нана, дадайæ. афтæтæ ма дзур! Куыд дын ссара йæ къалос, кæд æмæ йæ мах малы аныгъуылын кодтам, уæд! Нана сæм кæсгæйæ баззад. Таня уа- лынмæ дадайы къалос фелвæста æмæ йæ пецы раз авæрдта — пецы раз тагъд- дæр ахус уыдзæн!
ЧЫСЫЛ УАРИ Хур афтæ тынг тавта, æмæ зæххы сæрмæ тæвд уæлдæфы уылæнтæ зыр- зыр гæнгæ сæхи куыд истой, уый зынди. Таня æмæ Алёнкæ бадтысты хъæд- тыл æмæ хъуыстой, цары зæрватыччы- ты лæппынтæ куыд цъыбарцъыбур кодтой, уымæ. Уалынмæ кæртмæ æрба- згъордта Нюрæ. — Сымах ам бадут æмæ ницы зо- нут, — ныхъæр кодта уый, — афтæмæй та бæхдоны байраг райгуырд! Иууылдæр бæхдонмæ азгъордтой. 4 Хур бон 49
Бæхдон уыдис тæккæ хъæугæрон, цады раз. Уый уыд стыр, стæй йын ав- джын рудзгуытæ. Хæсты фæстæ йæ са- рæзтой. Бæхтæ бæхдоны нæ уыдысты — иу- уылдæр кусгæ кодтой. Æрмæст дзы иу ран лæууыди бур( бæх Зорькæ. Дада йын йæ быны сыгъдæг хъæмп тыдта, æмæ сывæллæтты куы ауыдта, уæд сыл схъæр кодта: —Цæмæ ’рбацыдыстут? Сымах хъуаг ма уыдыстæм! Фæлæ чызджытæ уæддæр бацыдыс- ты æмæ Зорькæйы .раз ауыдтой чысыл байраг. — О, мæ гыццыл къона! — сцин код- та Таня. —Цы рæсугъд у, цы! Иæ ны- хыл та стъалы! Дада, ацинтæ йыл кæнон? — Нæ, нæ, ма йыл ацинтæ кæнай,— загъта зæронд лæг. — Кæс-ма, æнæуый дæр тæрсгæ кæны. Байраг-иу йæ хъустæ фæгæмæл код- та, Танямæ зул цæстæй бакаст æмæ йæ мадмæ йæхи балхъывта. Дада йæм рæв- даугæйæ дзырдта: — Цæй, цæй, мæ гыццыл Уари, ма тæрс! Ницы дын кæндзыстæм. 50
Бæхдоны рæзты фæцæйцыд колхо- зы нымайæг Иван Сергеевич. Уый хæс- тæй цæфæй сыздæхт, æмæ уæдæй ныр- мæ лæдзæгимæ цæуы. — Эй, Миронич! — бахъæр кодта уый дадамæ. —Абон, дам, дæ фосыл бафтыд, зæгъынц? — Уæдæ куыдзагътай!—сæрыстырæй дзуапп радта дада. — Рацу-ма, фен æй! Байраг нымайæджы зæрдæмæ фæцыд: — Нæ йæм кæсыс, куыд даргъкъах у! Махмæ бæхджын æфсады ахæмтæ уыди! Маря цадмæ фæцæйцыди, бедра фæндаджы астæу фæуагъта, æмæ бæх- донмæ бацыд. Уый хорз хъуыддаг у, гъе,— нæ хæ- дзарад фылдæрæй-фылдæр дзæбæх куы кæны. Тагъд ноджы хъæздыгдæр суы- дзыстæм! Стæй та æрбацыд зæронд хъала- гъур. Уый дæр та байрагмæ бакæсын фæндыдис. Фæлæ дада куы федта, бирæ адæм æрæмбырд.уый, уæд сыл йæхи сцагъта: — Нæ, мидæмæ нал—цæугæут! Бæхы ма хъыгдарут! Иууылдæр бæхдонæй рацыдысты. 51
— Хорз уал байрай, Миронич, — уайаг бæх дзы схъомыл кæн. — Схъомыл кæндзыстæм, тыхсгæ ма кæнут,—дзуапп радта дада. Фæлæ чызджыты уырдыгæй ацæуын нæ фæндыдис. Иу чысыл ма дуары раз алæууыдысты. Байраг йæ мады цур куыд рацу-бацу кæны æмæ йæ къæдзил куыд тилы, уымæ бакастысты. Иæ къæ- дзил та уыдис фæлмæн къæбæлдзыг æмæ хæрз чысыл.
НОГ КУКЛА Таня æмæ Алёнкæ нанамæ базгъордт той. — Нана,—ныхъæр кодта Таня,—мах Уарийы федтам! — Бур у,—загъта Алёнкæ, —йæ ны- хыл та стъалы, йæ къæхтæ бынтон даргъ! Фæлæ сæ нана цыма хъусгæ дæр нæ кодта, уыйау йæхицæн рудзынджы цур æнцад^бадт æмæ хуыдта. йæ разы бандо- ныл уьщис хæцъилы гæбæзты дзæкъул. Алёнкæ сусæгæй Таняйы басхуыста: 53
— Куклайы тыххæй ма йæ бафæрс! — Нана,— загъта Таня,—ды цыдæр- тæ æмпъузыс, кукла та дæ рох фæцис! — Куыннæ стæй, ферох мæ ис! — дзуапп радта нана. — Æмæ уæдæ дæу- мæ гæсгæ æз цы кусын? — Кукла аразыс? Æцæг? Таня æмæ Алёнкæ нанайы цурæй æттæмæ нал цыдысты. — Нана нын ног кукла хуыйы! Куклайы хуыд фæуынмæ бирæ нал хъуыд.- Йæ къæхтæ ’мæ йæ къухтæ цæт- тæ уыдысты. Йæ дзыкку та урс гæнæй конд, раст бийынæн бæззыд. Æрмæст ма куклайæн хъуыдис йæ дзаумæттæ скæнын æмæ йæ цæсгом сахорын. Цъæх сатинæй йын нана бахуыдта юбкæ, бур дарийæ та кофтæ. Стæй райста сау кърандас æмæ куклайæн скодта æрфгуы- тæ, цæстытæ, фындз, сырх кърандасæй та былтæ æмæ сырх уадултæ. — Гъа ут, цæттæ у! Алёнкæ кукла хъавгæ райста. Йæ цæстытæ^ дзы нал иста, афтæ рæсугъд уыдис! Йæ уæлæ дæр диссаджы аив дзауматæ. Кукла Таняйы зæрдæмæ дæр тынг фæцыдис. 54
— Иннæйы дæр искуы ссардзыс- тæм,—загъта Таня,— Кæннод уым иу- нæгæй куыд уыдзæн... хъæды? Фæлæ амондджын Алёнкæйæн зæронд кукла йæ ’хъуыдыйы дæр нал уыдис. Æрмæст ма йæ сæр батылдта Таняйы ныхæстæм æмæ сæхимæ фæр.аст йæ сырхуадул, рæсугъд кукла æвдисынмæ.
ДАДА АРГЪÆУТТÆ КÆНЫ Хур сындæггай хъæды ’рдæм акъул. Нана пысыратæ æрбахаста æмæ сæ бæ-1 лæгъмæ карста.Хъыбыл фысдонæйхъох- хъох кодта, цыма афтæ фарста: уыцы æхсæвæр мæнæн цæттæ кæнут? Дада бæрз бæласы бын хъæдтыл бадтис æмæ æмпъызта хамуттæ, стæй бæхы зæронд дзаумæттæ. Хамуттæ до- гъыт æмæ бæхы тæф кодтой. Таня дадайы фарсмæ æрбадт. — Дада, аргъау ма мын ракæн!- 56
— Ракæндзынæн, æрмæст хъусгæ кæн,—дзуапп радта дада. Æмæ райдыдта аргъау кæнын. — Цардис æмæ уыдис паддзахы фырт Иван. Иу хатт куы уыд, уæд тар хъæды фæцæйцыд; кæсы, æмæ йæ раз- мæ æрбазгъордта иу хæдзар карчы къæхтыл... — Ой, зæронд! — æрбахъæр кодта сарайæ нана. —Гæды ныхæстæ ма кæн, хæдзар нæ фезгъоры. — Дæуæн не згъоры, фæлæ махæн згъоры,—дзуапп радта дада.— Цæуыл- нæ хъуамæ згъора, кæд ын къæхтæ ис, уæд! Раст ’нæ зæгъын, мæ хъæбул? — Раст зæгъыс,—дзуапп радта Та- ня.— Дарддæр та? ■ — Дарддæр? Нæ зæронд мæ фæ- къуыхцы кодта...Цæй фæлтау дын ми- тын чызджы тыххæй радзурон... Цар- дысты зæронд лæг æмæ зæронд ус, сы- вæллæттæ сын нæ уыд, æмæ сæхицæн митын чызг скодтой — Снегурочкæ. Чызджы хæдзармæ æрбахастой. Уæд дын зæронд ус афтæ: „Цæй æмæ йæ пецы сбадын кæнæм, уадз æмæ йæхи схъарм кæна". Уæд ын зæронд лæг дзуапп радта: 57
„Уый та куыд: атайдзæн!" „Банцай, зæронд! Бирæ зоныс!" Æмæ йæхи куыд фæндыд, афтæ ба- кодта—хивæнд уыдис. Митын чызджы пецыл сбадын код- та. Уый дæр ма, мæгуыр —ах! ох!— æмæ атадис! — Уæртæ зæронд, гæды ныхæстæ кæ- ныс!—æрбадзырдта та нана. — Афтæ нæ уыдис. — Уый дæуæн афтæ нæу, махæн та афтæ у. Раст нæ зæгъын, Танюшæ? — Раст зæгъыс. Ноджыдæр ма мын радзур. — Уæдæ байхъус. Цардысты лæг æмæ ус... — Æмæ зæронд ус хивæнд уыд?~ афарста Таня. — Тынг хивæнд! Быцæугæнаг уыд. Сбыцæу иу хатт, зæгъгæ, дам, лæгæн хуым кæнын æнцондæр у, усæн хæдза- ры куыстытæ кæнынæй. Уæд æм лæг дзуры: „Цæй уæдæ дæ хорзæхæй, ды хуым кæнынмæ ацу, æз та хæдзары куысты- тæ кæндзынæн". Лæг хæдзары баззадис. Сæумæ рай- сом сыстад, хыссæ скодта, хуыйы баф- 58
сæста, къуыртты карчы æд цъиутæ ра- уагъта. Стæй пецы арт бакодта, дзул- тæ сфыхта, пецыл хæринаг сæвæрдта æмæ бады, й’æ къухтæ йæ дæларм, аф- тæмæй йæ усмæ æнхъæлмæ кæсы. Куыс- тытæ иууылдæр бакодта, фæлæ ус уæддæр никуыцæй зыны: „Цы хабар уа?—хъуыды кæны уый.—Хуымгæнинаг дзы дыууæ сахаты фаг дæр куы нæ уыдис, уæд." Изæры кæсы — æрбацæуы ус æнæ гутон, æнæ бæхæй. Æрмæстдæр бози йæ къухы. Бози лæгмæ баппæрста æмæ хъæр кæнын райдыдта: „Дæуæн* дæ гутон цæнгæт у, сисæн ын нæй! Дæ бæх дæр æррау—бауромæн ын нæй! Дæ зæхх дæр дуры хуызæн хъæ- бæр—лыг кæнын дæр нæ комы! Тых- хæй-фыдæй дзы иу хахх акодтон". Нана йæхи нал баурæдта, сарайæ рацыд. — Æгонгæй, хъуыддæгтæ иннæр- дæм рауадысты!—загъта уый. — Ус быдыры куыстытæ бакодта лæ- гæй хуыздæр, фæлæ лæг хæдзары ницы бакодта! Пецы арт не скодта, цъиуты цъиусур фæхаста, йæ хыссæ арынгæй 59
акалди, хуы та хæдзармæ баирвæзт æмæ хыссæ бахордта! Нæ, зæронд, фæлтау ныхъус у! — Нæ уарзы, зæронд устытæй йын æцæгдзинад куы дзурай, уый,—йæ цæст фæныкъуылдта дада æмæ бахудтис. — Стæй та?—бафарста Таня. — Дарддæр та бафидыдтой, æндæр цы: куывд скодтой. Симеон патокæ им- биримæ фыхта, зæронд Аринæ дзы хордта æмæ æппæлыд, зæронд Елизар та йе ’нгуылдзтæ стæрдта. Æздæр уым уыдтæн, мыд, бæгæны дзы нызтон, мæ рихитыл тагъди, фæлæ дзы мæ дзыхмæ ницы бахæццæ. — Уæдæ дзы дæхи самæстай, нæ? — Бынтондæр самæстон. — Æмæ дарддæр та? — Дарддæр та—аргъау фæци, дард- дæр дзы дзуринаг ницыуал ис. Аргъау фæци, нæ дыууæ дæуæн та чырын, чы- рыны тæбæгътæ æмæ уидгуытæ, стæй ма фæндыртæ... Уынджы фæцæйцыд сыхæгты лæг Матвей. Дардæй салам радта дадайæн æмæ йæ мидбыл бахудгæйæ, загъта: — Цы бирæ хамуттæ дæм ис! Æвæц- цæгæн, дæм уæдæ бæхтæ дæр бирæ ис. 60
— Бæхдоны дзаг! Иууылдæр мæн сты,—дзуапп радта дада. Таня дадамæ æнæууæнккаджы каст бакс>дта: уый та куыд—бæхтæ иууылдæр уый куыд сты? — Дада!—загъта Таня.— Раст нæ дзурыс, бæхтæ дæу не сты, фæлæ кол- хозы сты!
ХЪОМТÆ ÆРБАЦÆУЫНЦ Хур æрцæйныгуылд. Хъæды онг æр- хæццæ, иу чысыл 4 ма фæзынди, стæй нæзыты аууон фæци. Изæрдалынгтæ кодта. Кæрдæгыл æр- тæх æрбадт æмæ дидинджытæ æрбам- пылдысты. Хъæугæронæй хъуыст фысты æмæ хъуццыты уасын. — Хъом æрбаскъæрынц, цу сæ раз- мæ ауай! —загъта нана Таняйæн. Кæртмæ иннæты разæй æрбахызт хъуг Милкæ дынджыр урс здыхт сыкъа- 62
тимæ. Æппындæр никæмæ фæкаст, аф- тæмæй сæрыстыр хуызæй бараст йæ бынатмæ.Зыдта, уым ын ног карст цъæх кæрдæг цæттæ кæй у, уый. ; Хъуджы хæд фæстæ æрбацыд род Нежкæ. Нежкæйæн йе рагъ бур’у, йæ къ;æхтæ та урс-урсид, цыма йыл урс цъындатæ ис, уыйау. Куыддæр кæр’тмæ æрбацыд, афтæ уасын раидыдта. Ома: хæринаг мын раттут. Нана йын хæринаг рахаста. Таня та фыстысæбынатмæтардта.Уыдондзыгуы- рæй æрбазгъордтой. Кæрæдзийы фæстæ баззайынæй тынг тæрсынц. Нана сыл дуар сæхкæдта, роды дæр йæ бынаты бакодта æмæ хæдзармæ ацыд. Кæрт ба- сабыр. Дада дæр бæхтæм зылд фæци, æмæ хæдзармæ æрбацæуы. Кæртмæ куы ’рбахæццæ, уæд гæды бæласы бын æр- лæууыд. — Эх, куыд дзæбæх тæф кæны! — загъта уый. — Куы ’ризæр вæййы, уæд цыма ацы бæласæй зæхмæ мыд фæтæ- дзы, уыйау у!.. 63
ФÆНЫКХУЫЗ СЫРД Æтте бынтон æрталынг. Мæйы рухс уаддзаг рудзынгæй бакаст. Мад къæрта райста, цырагъ ссыгъта æмæ Танямæ бадзырдта: — Цом мемæ. Хъуг дуцынмæ бай- рæджы, æмæ мын цырагъыл фæхæц. Хъомдоны у бынтон хъарм, адæй- маджы дзы куыддæр хуыссæг ахсы. Кæны дзы ног карст кæрдæг æмæ хъæм- пы тæф. Фысдоны фыстæ сыбарсыбур кæнынц. Хъуг сынæр цæгъды, мæсты футтытæ гæнгæ, абон æй цымæ афтæ* æрæгмæ цæмæн дуцынц? 64
Æфтуанхъæдыл бадынц кæрчытæ. Бадгæ та фæрсæй-фæрстæм кæнынц, сæ кæрæдзийььфæлмæн бумбули фæрстæм сæхи æлхъивгæйæ. Иу карк фынæйæ фæцудыдта æмæ дзы иу сис æрхауд. Уасæг рухс ауыдта, йæ сæрыл схæцыд æмæ Танямæ бакаст. Таня цырагъыл хæцы, цырагъ рухсмæ зынд аууæттæ. Аууæттæ сты даргъ, суанг цармæ. Цырагъ куы базмæлын кæнай, уæд уы- дон дæр базмæлынц. Æвиппайды Таня цырагъ нал змæ- лын кодта, сагъдауæй аззад. Цырагъы мынæг рухсмæ ауыдта цавæрдæр сырд. Уыцы фæныкхуыз, даргъ къæдзилджын сырд цæджындзыл æнæуынæрæй фыс- донмæ фæцæйхылди. — Мамæ! — сусæгæй загъта Таня.— Кæс-ма, фысдонмæ цыдæр фæбыры! Мад хæрдмæ скасти. Сырд алыгъди, фæлæ йæ мад уæддæр ауыдта. — Гъы-гъы! Уæдæ нын нæ æйчытæ уый давы, — уыры! — загъта мад.—Хорз, хорз! Райсом ын къæппæг сæвæрдзыс- тæм, æмæ йæ уæд ферох уыдзæн, æф- туантæм куыд бырын хъæуы, уый! 5 Хур бон 65
СНЕЖОК ДЗУРЫ Нана æхсыр ныффæрсыгъта, Таня- йæн дзы къусы дзаг радта. Таня йæ сау дзулы карстимæ бахордта æмæ тыргъмæ рацыд. Тыргъы хуыссыд Сне- жок æмæ Таняйы куы федта, уæд йæ къæдзил батылдта, — цинæй амард. — Мæ къона! —загъта Таня æмæ Снежокы фарсмæ æрбадтис. Йæ хъæбысы йæ æрбакодта æмæ йæ сæр куыдзы урс, фæлмæн, ичъиджын хъуынтыл æрæвæрдта. Хуыссæг æй æрцахста, æмæ æркув- 66
æРкув кæнын рай’дыдта. Снежок уыд фэелмæн, хъарм æмæ- Таня уайтагъд афынæй. Тыргъы сæрмæ бæрз бæлæстæ сы- барсыбур кодтой. Хъарм дымгæ хъæ- дæй дзæбæх тæф хаста. Дард кæцæйдæр æ-м хъуыстысты йæ мад æмæ нанайы ныхæстæ, тæбæгъты дзыгъал-мыгъул... „Æхсæвæр цæттæ кæнынц",—ахъуы- ды кодта Таня. Стæй йæм æвиппайды Снежок разылди æмæ йын йæ хъусы бадзырдта: — Зоныс, дæ кукла кæрдæджы ис, къудзиты раз... Æз дын æй райсом æр- бахæсдзынæн... Мад тыргъмæ рацыд, Танямæ æхсæ- вæр хæрынмæ дзуры. — Кæсут-ма, — загъта мад, — нæ Татьянкæ Снежокимæ ^бафынæй! Мад Таняйы йæ хъæбысмæ систа, йæ дзаумæттæ йын раласта, стæй йæ хуысссæны цæвæрдта æмæ йæ бам- бæрзта. 67
Автор Л. Воронкова Художник Кануков Редактор Д. Дарчиев Худож. редмктор Р. П. Скакун Технический редактор //. С. Байматов Корректоры Т. А. Хумарова, С. X. Гутиева Сдано в набор 1/1Х-55 г. Подписано к печати 22/ХН-55 г. Формат бумаги 60x92 1/1П Печ. лист. 4,25. Учетно-изд. листов 1,85. Заказ М3164. Издаг. М 1. Тираж 1000. - ЕИ 05245. Цена 65 к. Северо-Осетинское книжное издательство, г. Орджоникидзе, Дом Советов, 5-й этаж. Республиканская книжная типография, г. Орджоникидзе, ул. Джанаева № 20.