/
Text
ГАБЫСАТЫ АЗÆ
КУЫД АРАЗЫН
ИРОН ÆВЗАДЖЫ УРОКТÆ
5 —10 КЪЛÆСТЫ
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ РАУАГЪДАД
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1967
А. Габисова
Как я строю уроки
родного языка
в 5 — 10 классах
Северо-Осетинское
книжное издательство
Орджоникидзе * 1967
Советон скъолайы хæс у культурон æмæ ахуыргонд
адæм бацæттæ кæнын. Уыцы хъуыддаг æххæстгонд æр-
цæудзæн уæд, æмæ фæсивæд куы тырной наукæйы хъæз-
дыгдзинæдтæ базонынмæ. Наукæйæн та базонæн нæй,
адæймагæн йæ бон хъуыды кæнын куы нæ уа, уæд. Уы-
мæ гæсгæ ахуыргæнæджы сæйрагдæр хæс у скъоладзау-
ты хъуыды кæныныл сахуыр кæнын.
Коммунизм аразджытæ хъуамæ фæразой царды æмæ
куысты фарстатæ раст лыг кæнын, скъола сын цы зо-
нындзинæдтæ радта, хъуамæ уыдонæй зоной пайда кæ-
нын.
Скъоладзауæн хъуамæ йæ бон уа хъуыды кæнын, ис-
кæцы фæзындæн анализ скæнын. Ацы хъуыддагыл
скъоладзаутæ хъуамæ ахуыр кæной ирон æвзаджы урок-
ты дæр. Ирон сывæллæттæ кæд уырыссаг æвзаг ахуыр
кæнынц, уæддæр хъуыды фыццагдæр фæкæнынц сæ ма*
дæлон æвзагыл, стæй йæ уыйфæстæ фæзæгъынц уырыс*
саг æвзагыл. Уымæ гæсгæ ахсджиаг хъуыддаг у ирон
æвзаджы урокты хæрзхъæддзинад.
Скъоладзаутæ грамматикæйæ цы æрмæг ахуыр кæ-
нынц, уый хъуамæ механикон æгъдауæй ма бахъуыды
кæной, фæлæ йæ бамбарой анализ æмæ синтезы руаджы,
зоной грамматикон æууæлтæм гæсгæ ныхасы хæйттæ
классификаци кæнын.
Суанг 5-æм къласæй фæстæмæ æз скъоладзаутæн
арæх фæдæттын, хъуыды кæныныл сæ чи æфтауа, ахæм
фæлтæрæн куыстытæ. Уыдон æххуыс вæййынц, цæмæй,
грамматикæйæ цы ахуыр кæнынц, уый бæлвырд бамба-
рой æмæ дзы фысгæ-фыссын пайда кæнын зоной.
Арæх рауайы афтæ, æмæ ахуыргæнинæгтæ фæзонынц
раиртæст, фæлæ дзы фысгæ-фыссын пайда кæнын нæ
фæзонынц æмæ æруадзынц рæдыдтытæ. Уый уымæн
афтæ вæййы, æмæ хъуыды къухы не ’ййафы. Цæмæй
3
хъуыды къухы æййафын байдайа, уый тыххæй та хъæ-
уы дзæвгар рæстæджы дæргъы фæлтæрæнтæ æххæст
кæнын.
5-æм æмæ 6-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ арæхдæр
рæдыдтытæ æруадзынц дæргъвæтин æмхъæлæсонтыл,
æмхъæлæсонты æмхуызонадыл, мивдисджыты ивгъуыд
афоныл æмæ æнд. Цæмæй ахуыргæиинæгтæ уыцы раст-
фыссынады æгъдæуттæ хорз базоной æмæ сыл рæдыд-
тытæ мауал кæной, уый тыххæй æгъгъæд нæ вæййынц,
программæмæ гæсгæ сын цы сахæттæ лæвæрд цæуы, уы-
дон. Уымæ гæсгæ сыл æз афæдзы дæргъы рæстæгæй-
рæстæгмæ фæаразын фæлтæрæн куыстытæ.
Зæгъæм, 5-æм къласы æмхъæлæсонты æмхуызонад
куы базонынц, уæд сын урочы райдайæны раттын ахæм
куыст: дзырдтæ сæ растфыссынады æгъдæуттæм гæсгæ
ныффыссын дыууæ цæджындзы. Æз кæсын: марзтон,
кастæн, хызтон, уарзтон, хастон, фастон, фæрæзтон, сас-
тон, карстон, фыстон, æмбæрзтон.
Скъоладзаутæ фыссынц:
«3» «С»
марзтон кастæн
хызтон хастон
уарзтон фастон
фæрæзтон састон
æмбæрзтон фыстон
Фыст куы фæвæййынц, уæд æнæмæнг сбæлвырд кæ-
нæм, йæ куыст чи куыд баххæст кодта, уый.
Ацы куыст æххæст кæнгæйæ, ахуыргæнинæгты зонын
хъæуы, дзырдты растфыссынад сбæрæг кæныиæн цавæр
мадзал ис, уый (ома дзырдтæ аивын афтæ, цæмæй зы-
лангон з бæлвырд хъуыса). Хъуамæ хорз иртасой зылан-
гон æмæ æзылангон мыртæ. Æмæ сын уымæн та фæ-
ахъаз вæййы, фонетикон æвзæрст арæх кæй фæкæнæм,
уый.
Æмхъæлæсонты æмæ æрдæгхъæлæсонты дæргъвæ-
тинкæнынады æгъдæуттæ куы сахуыр кæнæм, уæд скъо-
ладзаутæн арæх фæдæттын ахæм куыстытæ:
1. Æз кæсын дзырдтæ: худын, зарын, садзын, фидын,
ризын, ласын, дон, бур, уасын, уарын.
Скъоладзаутæ сæ хъуамæ фыссой разæфтуан*/ш-æф-
таугæйæ: ныххудын, ныззарын, ныссадзын, ныффидын,
4
нырризын, нылласын, ныддон, ныббур, ныууасын, ныу-
уарын.
2. Дзырдтæ фыссын суффикстæ-аг кæнæ-он сæм æф-
таугæйæ: дзырд, хох, раз, хъæд, балц, дис, фале: дзырд-
даг, хæххон, раззаг, хъæддаг, бæлццон, диссаг, фаллаг.
Темæйы кæрон сын раттын æмхæццæ фæлтæрæн.
3. Æмхæццæ лæвæрд дзырдтæ адих кæнын сæ раст-
фыссынады æгъдæуттæм гæсгæ.
Æз кæсын: æрттивын, хуссар, раззаг, ныххудын, дис-
саг, лæууын, уæййаг, ныззарын, ныккæсын, сæууон,
хъæддаг, ныхъхъусын, æппæт, коммунизм. Скъоладзау-
тæ фыссынц:
«ны»
ныккæсын
ныххудын
ныззарын
ныхъхъусын
«аг», «он»
хъæддаг
раззаг
диссаг
сæууон
уæййаг
æрдзæи дæргъвæтин
æрттивын
хуссар
æппæт
коммунизм
Уыйфæстæ дзырдты алы хицæн къордæн дæр скъо-
ладзаутæ дзурынц йæ растфыссынады æгъдау. Ацы
куыст æххæст кæнгæйæ ахуыргæнинæгтæ хъуамæ хорз
зоной дзырдарæзт.
Ахæм куыстытæ ма раттын номдарты бирæон нымæ-
цы растфыссынадыл кæнæ мивдисджыты растфыссына-
дыл дæр.
Фæйнæгыл ныффыссын бакусииаг — иомдартæй са-
разын бирæон нымæц:
хæдзар —
æмбал —
кæрон —
хæдон —
куырой —
æгъдау —
къанау —
Кæнæ та ахæм бакусниаг — мивдисджытæй саразын
ивгъуыд афон:
ивын —
рувын —
зæгъын —
5
лидзын —
рæмудзын —
Саразын суинаг афон мæнæ ацы мивдисджытæй:
лидзын —
бадын —
хæцын —
бæттын —
сæттын —
Ахуыргæнинæгтæ ацы куысты хуызтæ куы баххæст
кæнынц, уæд дзы æнæмæнг бахахх кæнынц, дзырд цы
орфограммæйыл фæцæуы, уый бын. Уый æххуыс вæййы,
цæмæй, рæдыд чи скодта, уый ма иу хатт æркæса йæ
фыстмæ æмæ фена йæ рæдыд. Уыйфæстæ ахуыргæни-
нæгтæ фæзæгъынц раиртæст.
Арæх вæййы афтæ дæр, æмæ ахуыргæнинæгтæ дзырд-
тæ хицæнæй раст ныффыссынц, фæлæ уыцы дзырдтæ
текстмæ куы бахауынц, уæд дзы скæнынц рæдыдтытæ.
Уымæ гæсгæ æрмæст хицæн дзырдтæ фыссын æгъгъæдыл
нæ фæнымайын. Раттын сын уыцы д’зырдтæ хъуыдыйæд-
тимæ æмæ саразын цыбыр æмбарынгæнæн диктанттæ, кæ-
нæ та ахуыргæнинæгтæ сæхæдæг уыцы дзырдтимæ æр-
хъуыды кæнынц хъуыдыйæдтæ. Хуыздæр хъуыдыйæдтæ
ныффыссынц фæйнæгыл, стæй та тетрæдты æмæ сæ
равзарынц. Кæнæ та лæвæрд дзырдтимæ ныффыссынц
сочинени-миниатюрæтæ.
Ацы куысты хуызтæ сеппæт дæр æххуыс сты скъо-
ладзауты растфыссынад фæхуыздæрæн. Уымæн æвди-
сæн у уый, æмæ 5-æм, 6-æм кълæсты скъоладзаутæ рай-
дианы ’арæх фæкæнынц рæдыдтытæ уæлдæр амынд
растфыссынады æгъдæуттыл, фæлæ афæдзы кæронмæ
рæдыдтытæ зынгæ фæкъаддæр вæййынц. 7-æм, 8-æм
кълæсты та мæм æвзæр бæрæггæнæн æппындæр нал
вæййы.
Скъоладзаутæ ацыд æрмæг куыд бамбæрстой, уый
сбæрæг кæнынæн тынг æххуыс у перфокартæтимæ куыст.
Хæрз цыбыр рæстæгмæ (5—7 минутмæ) сбæрæг кæнæн
ис, æнæхъæн кълас æрмæг куыд базыдта, уый.
Ахуыргæнæг фены, кæцы скъоладзауæн цæмæй бах-
хуыс хъæуы, уый æмæ йæ дарддæры куыст дæр аразы
6
уымæ гæсгæ. Зæгъæм, 7-æм къласы хуымæтæг хъуыды-
йады хуызтæ куы ацыдыстæм, уæд скъоладзаутимæ ба-
кодтон ахæм куыст. Байуæрстон сын перфокартæтæ, стæй
фæйнæгыл ныффыстон:
1. Номхуындон хъуыдыйад.
2. Æххæст хъуыдыйад.
3. Æнæххæст хъуыдыйад.
4. Æнæцæсгом хъуыдыйад.
5. Æбæлвырд цæсгомон хъуыдыйад.
Ахуыргæнинæгтæн бамбарын кодтон, куыд сæ кусын
хъæудзæн, уый, ома перфокартæтыл галиуырдыгæй
æмæ уæлейы цы номыртæ æвæрд ис, уыдоны комкоммæ
кæй нысан кæндзысты хъуыдыйады хуызтæ.
Бакастæн ахæм текст:
1. Мæскуы. 2. Дыууын фарæстæм мартъи. 3. Æппæт
советон адæм дæр æнхъæлмæ кæсынц 23 съезды райда-
йынмæ. 4. Æвдисынц сæ уарзондзинад Коммунистон пар-
тимæ. 5. Алкæй дæр фæнды съезды кадæн исты хорздзи-
над бакæнын. 6. Мæнæн дзырдæуыди съезды хабæрттæ.
Скъоладзаутæ перфокартæтыл сбæрæг кодтой мæнæ
афтæ:
1 1
I •
Н •
Ш О
IV О
V О
VI О
2
О
О
•
О
о
о
3
о
о
о
•
о
о
4
о
о
о
о
•
о
5
о
о
о
о
о
•
1, 2, 3, 4, 5 — хъуыдыйæдты хуызты номыртæ.
I, II, III, IV, V, VI — тексты хъуыдыйæдты номыртæ.
Æрæмбырд кодтон перфокартæтæ, кæрæдзийы сæр-
тыл сæ раст сæвæрдтон æмæ сæ бæрæггонд рæтты фæ-
хуынкъ кодтон кæронмæ. Куы сæм æркастæн, уæд бæл-
вырд уыди, скъоладзаутæй хъудыйады хуызтæ раст чи
не ’сбæрæг кодта, уый, æмæ зыдтон, дарддæр сын цæ-
мæй баххуыс хъæуы.
7
Ахæм куысты хуызтæ саразæн ис грамматикæйы æц-
дæр темæтыл дæр. Перфокартæтыл ацы куысты хорздзи-
над ис уый мидæг, æмæ кълас иууылдæр кæй кусынц,
уымæй алы ахуыргæнинаг дæр кусы йæхæдæг, хъуыды
кæны æмæ цыбыр рæстæгмæ равзары фондз хъуыды-
йады.
Ахæм куыстытæ сарæзтон уæлæмхæст хъуыдыйæдты
хуызтыл, ныхасы хæйттыл æмæ æндæртыл. Ахуыргæни-
нæгтæ бирæ фæрæвдздæр сты синтаксисон æмæ морфо-
логон æвзæрст кæнынмæ.
НОГ ÆРМÆГ БАЦАМОНЫН ÆМÆ ЙÆ
НЫФФИДАР КÆНЫН.
Ахуыргæнæджы хæс у скъоладзаутæн фидар зонын-
дзинæдтæ раттын. Уыцы хъуыддаг йæ къухы бафтдзæн,
йæ уроктæ эффективон куы уой, уæд.
Методтæ алыхуызон саразын, урочы цæстуынгæ æр-
мæгæй раст пайда кæнын æххуыс у скъоладзауты акти-
визаци кæнынæн æмæ сæ зонындзинæдтæ бæрзонддæр
æмæ фидардæр кæнынæн. Ног æрмæг амонгæйæ æз фæ-
архайын, цæмæй скъоладзаутæ сæхæдæг фылдæр хъуы-
ды кæной æмæ раиртæстытæ дæр сæхæдæг аразой.
5-æм къласы хъæлæсонты æлвæстад æмæ рахауд
амонгæйæ бацархайдтон ууыл, цæмæй ахуыргæнинæгтæ
сæхæдæг саразой раиртæст. Фæйнæгыл ныффыстон при-
мертæ:
1. фæ + æвналын = февналын
фæ + æлвасын = фелвасын
фæ + æмбарын = фембарын
2. а +æвналын = авналын
ны + æлвасын = нылвасын
ба + æмбарын = бамбарын
ра + æрвитын = рарвитын
Ахуыргæнинæгтæн загътон: «Бакæсут-ма æмæ зæ-
гъ^т, цы бафиппайдтат фыццаг дзырдты къорды? Дыккаг
дзырдты къорды та?»
Ахуыргæнинæгтæ æнцонæй сарæзтой сæхæдæг раир-
тæстытæ, стæй баххæст кодтой фæлтæрæн куыстытæ.
Афтæмæй æз федтон, ног æрмæг амонгæйæ ахуыргæ-
8
ппнæгтæ хатдзæгтæ сæхæдæг куы агурой, раиртæстытæ
куы аразой, уæд æнцондæрæй кæй бамбарынц æрмæг
æмæ сæ зонындзинæдтæ кæй вæййынц фидардæр. Уыи-
мæ ахæм уроктæм ахуыргæнинæгтæ вæййынц уæлдай ра-
зæнгарддæр, фæкусынц активондæрæй.
Фæлæ алы хатт ног æрмæг афтæ раттæн пæй. Зынæм-
барæн æрмæг скъоладзаутæп бынтондæр сæхи бар ба-
кæи, уый раст нæу.
6-æм къласы ахуыргæнинæгтæн зын бамбарæн вæййы
фæрсдзырд. Фæрсдзырд у стыр æмæ ваЗыгджын пыха-
сы хай. Скъоладзаутæ йæ арæх æмхæццæ фæкæнынц æн-
дæр ыыхасы хæйттимæ (номдартимæ, миногонтимæ).
Цæмæй уыцы хъуыддагæй хызт æрцæуой, уый тыххæй сæ
æз рагацау цæттæ кæнын райдайын ’ фæрсдзырд раст
бамбарынмæ.
Фæрсдзырд сахуыр кæпыны размæ урокты мæ хъус
фылдæр фæдарын морфологон æвзæрстмæ, цæмæй æнæ-
къуылымпыйæ иртасой ацыд ныхасы хæйттæ. Æрмæст-
дæр уæд райдайын амонын фæрсдзырды иысаниуæг.
Ног æрмæг бацамоныны тыххæй фæйнæгыл ныффыс-
сын хъуыдыйæдтæ:
1. Советон адæм зæрдиагæй фæллой кæнынц.
2. Валентинæ Терешкова ныфсджынæй атахтп кос-
мосмæ.
3. Æрæджы нæ Коммунистон парти рахаста хорз уы-
наффæтæ.
4. Фæстæдæр мах цæрдзыстæм ноджы хуыздæр.
5. Ам зымæг куы вæййы, уæд иу хъарм бæстæ зонын.
Скъоладзаутæн бахæс кæнын, цæмæй ацы хъуыды-
йæдтæ равзарой ныхасы хæйттæм гæсгæ æмæ дзы ба-
хахх кæной, кæй пæма зонынц, уыцы дзырдтæ. Уыдоп
бахахх кодтой дзырдтæ: ныфсджынæй, зæрдиагæй, æрæ-
джы, фæстæдæр, ноджы хуыздæр, ам, уæд.
Дарддæр бахæс кодтоп ахуыргæнпнæгтæн, цæмæй
дыгай хæххытæ бакæной, фæрсдзырдтæ цы дзырдтимæ
баст сты, уыдон дæр. Бахахх кодтоп: фæллой кæнынц,
атахти, рахаста, цæрдзыстæм, вæййы, зонын.
Уыйфæстæ фæрстыты руаджы скъоладзауты æркод-
тон раиртæстмæ.
Фарст: Цавæр пыхасы хæпттпмæ баст сгы иог дзырд-
тæ?
Дзуапп: Мивдисджытимæ.
Фарст: Цы æвдпсынц уыцы дзырдтæ архайдæн?
Дзуапп: Уыцы дзырдтæ архайдæн æвдисынц йе ’уУ&л»
кæд цæуы (афон), кæм цæуы (бынат) æмæ афтæ дард-
дæр.
Фарст: Куыд’ ис аивæн фæрсдзырды? Бафæлварут-
ма йæ аивын.
Дзуапп: Фæрсдзырд нæ ивы.
Уыйфæстæ скъоладзаутæ хи ныхæстæй зæгъынц ра-
иртæст, стæй йæ кæсынц чиныджы, хъуыды кæнынц,
фæрсдзырдтæ кæм уа, ахæм хъуыдыйæдтæ.
Æрмæг ныффидар кæныны тыххæй ма радтон иу ба-
кусинаг. Хъуамæ ахуыргæнинæгтæ баххæст кодтаиккой
хъуыдыйæдтæ фæрсдзырдтæй:
1. Тетрæдты фыссын хъæуы (куыд?)..,
2. Хуым фæкæнынц (кæд?)...
3. ... та халон, цыма дзы хъалон нæ фыййау дардта,
цыхты къæртт ссардта.
Скъоладзаутæ раст баххæст кодтой хъуыдыйæдтæ,
бакастысты сæ.
Уыйфæстæ фæйнæгыл сауыгътон Решетниковы ныв
«Прибыл на каникулы». Сарæзтон цыбыр беседæ нывмæ
гæсгæ. Радтон фарстатæ.
1. Афæдзæн йæ кæцы афон æвдыст цæуы нывы?
2. Цæмæй бæрæг у?
3. Кæцæй æрцыд суворовон?
4. Цы дзуры йæ бабайæн?
5. Цæуыл дзурæг у лæппуйы цæсгом, йæ цæстæнгас?
6. Цы ми -кæндзæн дарддæр та?
7. Куыдæй аздæхдзæн фæстæмæ йе скъоламæ?
8. Раттут лæппуйæн ном.
Беседæйы фæстæ фæйнæгыл ныффыстон фæрсдзырд-
тæ: зымæджы, хъæлдзæгæй, хорз, раст, ныр, уæд, ам,
æвæлладæй, зæрдæрухсæй, амондджыкæй.
Ахуыргæнинæгтæн бахæс кодтон, нывæй пайда кæн-
гæйæ лæвæрд фæрсдзырдтимæ радзырд ныффыссын.
Скъоладзаутæ хорз сарæхстысты ацы куыстмæ. 6-æм
«а» къласы ахуыргæнинаг Томайты Э. ныффыста афтæ.
«Æрцыдис каникулты».
(Решетников).
Уый уыдис зымæджы. Ног азы размæ Ваня æрцыдис
йæ бабамæ суворовон скъолайæ. Уый æрцыдис тынг
хъæлдзæгæй, уымæн æмæ фæлварæнтæ хорз радта.
10
Зæронд баба йын йе ’рцыдмæ сар&зта ёлкæ. Уæд Ва-
ня ноджы тынгдæр бахъæлдзæг. Ныр зæрдæрухс æмæ
амондджынæй арвитдзæн ам йæ каникултæ.
(Каникулты фæстæ Ваня æвæлладæй райдайдзæн
ахуыр кæнын. Афтæ амондджынæй цæрынц мах бæс-
тæйы сывæллæттæ.
Скъоладзауты сочиненитæ уыдысты алыхуызон, алчи
дæр куыста йæхæдæг. Цалдæрæй сæ бакастысты, стæй
сын æрæмбырд кодтон сæ тетрæдтæ æмæ сын иннæ
урокмæ сæвæрдтон бæрæггæнæнтæ.
Ахæм куыст бакодтон, фæрсдзырдты растфыссынад
ныффидар кæныны тыххæй цы урок сарæзтон, уым дæр.
Урок райдыдтон æмбарынгæнæн диктантæй:
1. Куыд-фæнды схъызæнт нæ бæстæйыл бонтæ, арв
махыл уыдзæнис кæддæриддæр цъæх. 2. Фалæрдæм лæ-
бырынц сау дуры цæндтæ.
Ацы хъуыдыйæдты скъоладзаутæ бамбарын кодтой
фæрсдзырдты растфыссынад, загътой раиртæстытæ.
Рагагъоммæ фæйнæгыл бацæттæ кодтон ахæм
кусинæгтæ.
I. Баххæст кæнын фæрсдзырдтæй ацы текст:
... дын æм рувас
... рауад...
... минас
йæ былтыл ауад.
II. Бахахх кæнын фæрсдзырдты бын æмæ зæгъын сæ
растфыссынад.
1. Нæ сæртæ, цæй, бæрзонддæр сисæм!
2. Æфхæрд цы лæг ныббара знагæн,
Дæлдæр ныххауæд уый, дæлдæр!
3. Ныййарæг йæ уаты фæлладæй æрбады, йæ уарзон
хъæбулы фæмысы æдзух, цыма йæ сывæллоны абон рæв-
дауы, цыма йын æхсызгонæй исы, йæ къух.
Ацы куыстытæ баххæст кæныны фæстæ фæйнæгыл
бакодтон Лактионовы ныв «Письмо с фронта». Сарæз-
тон цыбыр беседæ нывы тыххæй. Радтон фарстытæ:
1. Кæцы рæстæг æвдыст цæуы нывы?
2. Кæй уынут нывы?
3. Цы æрбахаста æфсæддон?
4. Кæм уыдис æфсæддон?
5. Бинонты цæстæнгас.
11
6. Цы хъуамæ фыстаид æфсæддон йæ писмойы?
7. Цавæр ахорæнтæй пайда кæны нывгæнæг æмæ
цæмæн?
8. Цы нысан кæны хуры æрбакаст?
Нывы мидис куы бамбæрстой скъоладзаутæ, уæд сын
бахæс кодтон лæвæрд фæрсдзырдтимæ нывмæ гæсгæ ра-
дзырд саразын. Фæйнæгыл сын ныффыстон фæрсдзырд-
тæ: иухатт, сабыргай, тагъд-тагъд, хъæлдзæгæй, лæмбы-
нæг, хъæбатырæй, кæддæриддæр.
Бар сын радтон нæмттæ р^авзарынæн дæр. Хорз са-
рæхстысты ацы куыстмæ дæр та, алчи дæр æй ныффыс-
та йæхимæ гæсгæ.
Мæнæ куыд ныффыста 6-æм «а» къласы ахуыргæ-
нинаг Баскаты 3.
«Писмо фроытæй».
(Лактионов).
Цыдис Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Иухатт Косермæ
сабыргай бахостæуыд. Уый тагъд-тагъд рауад æддæмæ
æмæ сæ дуармæ ауыдта иу цæф æфсæддоны.
Æфсæддон Косермæ радта писмо. Уалынмæ æддæ-
мæ рауад Косеры лæппу Руслан дæр. Æфсæддоныл
алырдыгæй амбырд сты.
Руслан кæсы йæ фыды писмо. Иууылдæр хъæлдзæ-
гæй хъусынц писмомæ. Уым фыст ис, тагъд немыцаг
фашисттæ дæрæн кæй æрцæудзысты, уый тыххæй. Хъус-
джыты зæрдæтæм хуры тын æрбакаст.
Бахахх кодта фæрсдзырдты бын.
Æвзаг хуыздæр базоныны куыст хъуамæ цæуа грам-
матикæйы урокты дæр æмæ литературæйы урокты дæр.
Скъоладзаутæ сæ ныхас хуыздæр, хъæздыгдæр кæныны
тыххæй хъуамæ зоной пайда кæнын, цы грамматикон
æрмæг ахуыр кæнынц, уымæй. Хъуамæ ахуыргæнæг скъо-
ладзауты ахуыр кæна сæ хъуыдытæ алыхуызбн аразы-
ныл. Уæлдай тынгдæр хъус дарын хъæуы скъоладзауты
сочиненитæ æмæ радзырдтæм.
Уыцы домæнтæ æххæст кæнынæн скъоладзаутæн тынг
æххуыс вæййынц, нывмæ гæсгæ грамматикон хæслæ-
вæрдтимæ цы сочиненитæ фæфыссынц, уыдон.
Ахæм урокты ма ноджы æххæстгонд цæуынц эсте-
тикон хъомылады домæнтæ дæр. Скъоладзаутæ зонгæ
кæнынц нывгæнæджы аивадимæ, ахуыр кæнынц ныв
12
раст кæсыныл, нывгæнæджы хъуыды æмбарыныл. Уый
та у ахсджиаг хъуыддаг эстетикон хъомылады мидæг.
Скъоладзаутæ ахуыр кæнынц рæсугъддзинад æмба-
рыныл, гуыры сæм патриотизмы æнкъарæнтæ, ахуыр кæ-
нынц сæ алыварсмæ уæлдай лæмбынæгдæр кæсыныл.
7-æм къласы фадатон дзырдтæ ахуыр куы фесты, уæд
скъоладзаутæ фыстой сочинени фадатон дзырдтæй пай-
да кæнгæйæ А. А. Пластовы ныв «Фашист пролетел»-мæ
гæсгæ.
7-æм «д» къласы ахуыргæнинаг Кортиты Ш. ныффыс-
та ахæм сочинени
«Фашист æрбатахт».
(А. А. Пластов).
1942 аз. Скодтой Фыдыбæстæйы хæсты бонтæ. Гитле-
рон фашисттæ æрра бирæгътау лæбурдтой нæ бæстæмæ.
Хъæуы нæлгоймæгтæй ничиуал баззад. Иууылдæр ацы-
дысты знаджы ныхмæ тохмæ.
Сергей дæр йæ бинонтæн хæрзбон зæгъыны размæ
фæсидт йæ фыртмæ æмæ йын загъта: «Хъусыс, лæппу,
дæ мады коммæ кæс, цы дын зæгъа, уый кæн. Хæдзары
лæг дæ ныр. Чи зоны, æз нал æрыздæхон, уæд бинонтæ
дæ фæдзæхст».
Уыцы ныхæсты фæстæ зæрдиаг æлхъывд æрбакодта
йæхимæ йæ сывæллæтты, сæ цæсгæмттæм сын æдзынæг
ныккаст, цыма афтæ зæгъынмæ хъавыд, чи зоны, æмæ
уæ нал фенон. йæ хъæбысы æрбатыхта Таймуразы æмæ
йын загъта, йæ цæстысыгтæ тыххæй уромгæйæ: «Мæ
фырт, рæстæгмæ дæ бахъæудзæн кусын. Куы фæзынон,
уæд та ахуыр кæндзынæ».
Уыйфæстæ Сергей тагъд-тагъд араст йе ’мбæлттимæ.
Фыды ацыды фæстæ бирæ фæхъуыды кодта Тайму-
раз. Дыккаг бон хъæуы фос æрæмбырд кодта æмæ сæ
хизынмæ аскъæрдта.
Уыди диссаджы райдзаст бон. Хъæды рæсугъддзина-
дæй зæрдæ рухс кодта. Цыма пæ исчи алыхуызон ахо-
рæнтæй сахуырста, уыйау уыдис.
Хъæдрæбын фæззыгæнд цъæх-цъæхид дардта.
Изæрырдæм хур аныгуылди. Таймураз бадти æмæ
фæлгæсыди фæйнæрдæм. Æвиппайды хъæды сæрмæ фæ-
зынд хæдтæхæг. Таймуразы хъустыл ауад цавæрдæр
зæрдæризынгæнæг æхситт. Уалынмæ зæхх нынкъуыст
13
æмыр срæмыгъдæй. Таймуразæн йæ цæстытæ атартæ
сты, цыдæр хъарм æрлæсæн кодта сæрыл, цæсгомыл.
Æруæззау сæр, æмæ Таймураз дæлгоммæ ахауд.
Гитлерон фашисттæ бирæ хъæдгæмттæ ныууагътой
нæ адæмы за?рдæты.
Мах неппæты дæр фæнды, цæмæй зæххыл макуыуал
уа хæст.
Ныхасы рæзтыл ахæм куыстытæ фæкæнын æнæ
грамматикон хæслæвæрдтæй дæр, раттын сын æнæхъæн
уроктæ.
Саразын урочы райдайæны беседæ, цæмæй скъол#-
дзаутæ раст бамбарой нывгæнæджы хъуыды, уый тых-
хæй. Скъоладзаутæ сæхæдæг раттынц нæмттæ архай-
джытæн, стæй райдайынц фыссын.
Ахæм куыст сарæзтон ныв «Снова двойка»-йыл. Бе-
седæ сарæзтон ахæм фæрстытæй:
1. Цавæр рæстæг æвдыст цæуы нывы? Цæмæй бæ-
рæг у?
2. Кæй уынут нывы?
3. Куыд лæууы лæппу? Иæ цæстæнгас.
4. Цавæр цæстæнгас ис хойæн, мадæн, æфсымæрæн?
5. Чи бацин кодта лæппуйыл?
6. Куыд уæм кæсы, цæмæн райстаид хъуамæ æвзæр
бæрæггæнæн?
7. Цæуыл дзурæг у йæ пъартфел?
Скъоладзаутæ 6-æм фарстæн хъуыды кæнынц алы-
хуызон варианттæ.
Беседæйы фæстæ алчи дæр йæхæдæг радта архай-
джытæн нæмттæ, æмæ райдыдтой фыссын.
7-æм къласы ахуыргæнинæгтæй иу ныффыста.
«Ногæй та двойкæ».
(Решетников).
Дысон-бонмæ мит уарыд æмæ уарыд. Абон та хур ра-
каст, æмæ мит алыхуызон сæрттывта. Мæнæ митæй æм-
бæрзт къуыбыр. Сывæллæттæ бырынц къуыбырыл.
Уалынмæ фæзынд Хазби дæр æд пъартфел. Сывæл-
лæтты асхуыста, йæ пъартфелыл бæхбадт акодта æмæ
йæхи къуыбырæй ауагъта.
Афтæ бацайдагъ хъазт. Æвæццæгæн ма Хазби но-
джыдæр бырыдаид пъартфелыл, фæлæ уымæн (пъарт-
фелæн) йæ бон нал баци Хазбийы æгъатыр митæм кæ-
сын æмæ йæ «зфрдæ атыдта» —-йæ астæуыл аскъуыд.
14
Æнæбары араст Хазби сæхимæ. «Ехх, ныр мæ мамæ
куы нæ бафæрсид, цы райстон, уымæй, уæд мæ къахдзо-
ныгътæ рахæссин æмæ ма ноджыдæр абырин», — ахæм
хъуыдытимæ бахызт Хазби мидæмæ.
Куыннæ стæй! Куыддæр бахызт мидæмæ, афтæ йæ
мад афарста, цы райста, уымæй. Хазби иуварсырдæм
азылд æмæ йæ цæстытæ пъолмæ ныццавта.
«Ныр та адоны уайдзæфтæм хъус, Кæс-ма Æхсармæ,
куыд мыл худы. Фæлæуу, скъоламæ уал бацæуай, стæй
уæд базондзынæ, ахуыр кæнын куыд зын у, уый. Нæ
фæлæ мæ Тузик йедтæмæ ничи уарзы, уый ма мыл цин
кæны. Уæвгæ мын афтæ хъæуы, знон къаддæр куы ахъа-
зыдаин, уæд абон ахæм уавæры нæ уаин». Ахæм хъуы-
дытæ кодта Хазби, нæ мады раз куы лæууыд, уæд.
Чи зоны, Хазби æрфæсмон кæна æмæ нал иса двой-
кæтæ.
ХÆДЗАРМÆ КУЫСТЫТÆ.
Хæдзармæ куыст дæтгæйæ æгъгъæдыл нæ фæныма-
йын, грамматикæйы чиныджы цы фæлтæрæнтæ ис, уыдон.
Уыдон сты иудадзыг иухуызон, æмæ сæ уымæ гæсгæ
скъоладзаутæ фæлмæцынц, стæй æдзух уыдон æххуыс
нæ вæййынц æрмæг ныффидар кæнынæн, ног домæнтæм
гæсгæ арæзт не сты.
Æвзаг хуыздæр базоныны куыст хъуамæ цæуа грам-
матикæйы урокты дæр æмæ литературон кæсынады
урокты дæр. Уымæ гæсгæ грамматикæйæ куыстытæ æн-
гом бæттын хъæуы литературæимæ.
Уымæ гæсгæ арæх фæдæттын ахæм фæлварæи куыс-
тытæ, кæцытæ баст вæййынц, литературæйæ цы æрмæг
базыдтой, уыимæ. Зæгъæм, 7-æм къласы хъуыдыйады
сæйраг уæнгтæ цæугæйæ, радтон ахæм хæдзармæ куыст:
Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстадæй цы æмдзæвгæтæ
сахуыр кодтой, уым ссарын хъуыдыйæдтæ сæйраг уæнг-
тимæ æмæ сæ рафыссын. Сæйраг уæнгты бын бахахх кæ-
нын, сæ сæрмæ сын фæнысан кæнын, цавæр пыхасы
хæйттæй арæзт сты, уый.
Ахуыргæнинæгтæ рафыстой хъуыдыйæдтæ «Сидзæр-
гæс»-æй, «Хъуыбады»-йæ, «Катай»-йæ, «Балцы зарæг»-
æй, «Ныфс»-æй, «Чи дæ?»-йæ æмæ æнд. Рауадис афтæ,
æмæ ахуыргæнинæгтæ æрмæст грамматикон æгъдæуттæ
нæ ныффидар кодтой, фæлæ сарæзтой Къостайы сфæл-
15
дыстадыл афæлгæст. Уый хорз æххуыс у литературон
æрмæг ныффидар кæнынæн.
Хуымæтæг хъуыдыйады хуызтæ цæугæйæ та литера-
турæйæ ахуыр кодтам Нигеры биографи. Ам дæр та ба-
бастон грамматикæ литературæимæ. Радтон сын ахæм
куыст: саразын Нигеры биографийыл дыууæ æххæст
æмæ дыууæ æнæххæст хъуыдыйады. Алчи дæр йæхæдæг
куыд куыста, уымæ гæсгæ хъуыдыйæдтæ уыдысты фыс-
сæджы царды алы цаутæй. Ацы урочы ныхас æрцыд
æнæхъæн биографийыл кæронмæ. Уыйфæстæ литерату-
рæйы урочы ахуыргæнинæгтæ лæвæрдтой хуыздæр
дзуаппытæ фыссæджы биографийæ.
Номхуындон хъуыдыйæдтæ амонгæйæ урочы радтон
ахæм текст.
Æрыдоны семинар. Ахуыргæнинæгты литературон
къорд. Журнал «Фидиуæг». Фæлдахæм фæрстæ. Ра-
дзырд «Мæгуыр Голо». Йæ быны фыст Нигеры фæсно-
мыг «Сау лæппу».
Ацы скъуыддзаг сын æххуыс уыди Нигеры биогра-
фийæ уæлæмхасæн æрмæг базонынæн.
Хæдзармæ куыстæн сын бахæс кодтон, Нигеры поэ-
мæ «Бадилон симд»-мæ гæсгæ саразын, номхуындон
хъуыдыйæдтæ кæм уа, ахæм скъуыддзæгтæ.
Скъоладзаутæ сарæзтой скъуыддзæгтæ.
«Рæсугъд уæрæх кæрт. Хъæлдзæг аив фæсивæд.
Къæрццæмдзæгъд хъазт.
Æфснайд, райдзаст уат. Дзаг фынгтæ. Урсзачье зæ-
рæдтæ. Гаджидæуттæ, арфæтæ».
Ахæм куыстытæ пайда сты литературон æрмæг фи-
дардæрæй зонынæн, ныхасы рæзт фæхуыздæрæн, скъола-
дзауты куыст кæны активондæр, æнгомдæр баст цæ-
уынц литературæ æмæ грамматикæ.
Ныртæккæ скъолайы сæйрагдæр хæс у ахуыргæни-
нæгтæн фидар зонындзинæдтæ дæттын, коммунистон
зондахастыл сæ хъомыл кæнын, цардмæ сæ цæттæ кæ-
нын.
Мах, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджы-
ты, къухы ис тыхджып идеологои æмæ политикон хо-
тых — аивад æмæ литературæ.
«Литературæйы уроктæ хъуамæ æххуыс кæной скъо-
ладзауты коммупистон зондахаст фидар кæнынæн, хъуа-
мæ скъоладзауты зæрдæты æвзæрын кæной советон пат-
риотизм æмæ пролетарон интернационализмы æнкъарæн-
16
тæ, цæмæй скъоладзаутæ куыстмæ дарой коммунистон
цæстæнгас, адæмты ’хсæн фидар кæной хæлардзинад,
фæзмой литературæйы хуыздæр геройты миниуджытæ
æмæ сæ сæ зæрдæмæ исой» (Ирон æвзаг æмæ литерату-
рæйы программæтæ).
Фæстаг азты ахуыргæнджытæ агурын байдыдтой, ног
дуджы домæнтæн дзуапп чи дæтта, ахæм ног фæрæзтæ
ахуырады æмæ хъомылады.
Арæхæй-арæхдæр хъуысы уроктæй техникон фæрæз-
ты — кино, радио, магнитофон æмæ æндæрты уынæр.
Техникон мадзæлттæй спайда кæнын фыццагдæр мæ
зæрды æрæфтыд, хистæр скъоладзауты «Культурæйы
университеты» мын В. Шекспиры райгуырдыл 400 азы
сæххæсты бонмæ лекци куы бахæс кодтой, уæд.
Гениалон драматург В. Шекспиры сфæлдыстад мах
дуджы дæр нæ сафы йе стыр тых æмæ хъомыладон аха-
дындзинад.
Уымæ гæсгæ В. Шекспиры пьесæтæ ирон театры сце-
нæйы æвæрд кæй æрцыдысты, уымæн ис тынг стыр аха-
дындзинад. Октябры революци цы фæстæзад ирон адæ-
мы суæгъд кодта, уыдон ныр сæ мадæлон æвзагыл хъу-
сынц æмæ уынынц дунеон генийы драматургийы
уацмыстæ.
Мæ лекцийы пъланыл куы хъуыды кодтон, уæд мæ
æрфæндыд йæ саив кæнын ирон театры спектакльты
фрагменттæй. Фæлæ куыд? Ахæм пластинкæтæ нæй, нæ-
дæр мæм магнитофоны лентыл фыст сты. Ацыдтæн рес-
публикæйы радиокомитетмæ. Ам мын баххуыс кодтой—
пленкæтыл фыстæй мын радтой Шекспиры пьесæтæй
«Отелло», «Король Лир», «Дыууадæсæм æхсæв»-æй
скъуыддзæгтæ.
Ацы фыстытæй спайда кодтон мæ лекциты æхсæнмæ-
хсæнты. Лекци хъусджыты зæрдæмæ тынг фæцыди.
Уыйфæстæ ма бацæттæ кодтон ноджыдæр лекци Къос-
тайы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй изæрон скъолайы
«Культурæйы университет»-æн. Ам дæр спайда кодтон
Къостайы баснятæй магнитон лептыл фыстæй.
Уæдæй фæстæмæ хъуыды кæнын байдыдтон, цы хуы-
зы спайда чындæуа урочы, скъолайы цы техникон
мадзæлттæ ис, уыдонæй.
Ахуыры азы райдайæны лæмбынæг сахуыр кæнын
программæ. Сбæрæг кæнын, магнитон лентыл цавæр уац-
мыстæ бауыдзæн мæ бон ныфысс сын, уый. Мæхимæ ис
2 Габысагы Л.
17
магнитофон, æмæ мæ хъус фæдарын радиопрограммйе-
мæ. Цы мæ бахъæудзæн ирон литературæйы урочы,
ахæм уацмыстæ дзы куы фæдæттынц, уæд сæ ныффыс-
сын магнитон лентыл. Æмæ сæ уыйфæстæ пайда кæнын
мæ куысты.
Урочы размæ ахъуыды кæнын, магнитофон кæнæ про-
игрывателæй урочы кæцы этапы спайда кæндзынæн,
ууыл. Пайда кæнæн та сæ ис урочы алы этапы дæр: ног
æрмæг амонгæйæ дæр, æрмæг фидар кæнгæйæ дæр, кæ-
ронбæттæн урочы дæр.
6-æм къласы программдемæ хауынц ирон героикон
зарджытæ («Ленины зарæг», «Антъоны зарæг», «Чер-
мены зарæг», «Таймуразы зарæг» æмæ æнд.).
Ирон героикон зарджытæ æвдисынц царды æцæгдзи-
над, сæрибарыл тохы истори, ирон адæмы æрвылбоны
цард, сæ зондахаст, сæ хъуыдытæ, сæ бæллицтæ.
Ирон адæм бирæ уарзынц сæ героикон зарджытæ,
фехъусæн сын ис Ирыстоны алы къуымты дæр куысты
рæстæджы дæр æмæ фæлладуадзыны рæстæджы дæр,
куывдты æмæ чындзæхсæвты.
Героикон зарджыты хъомыладон ахадындзинад у
тынг стыр. Тлаттаты Чермены, Кодзырты Таймуразы,
Дриаты Антъоны обрæзтæ разæнгард кодтой Ирыстоны
хъæбулты æнæмæлгæ хъæбатырдзинæдтæм Фыдыбæс-
тæйы хæсты рæстæджы. Уымæ гæсгæ зарынц абон
Ирыстоны Хъалæгаты фондз æфсымæры зарæг, Æхсара-
ты Энверы зарæг, Ботъоты Гæмæты æмæ, йæ хъæбатыр-
дзинадæй Ирæн ном чи скодта, йæ риуыгуыдырæй зна-
джы бырст чи баурæдта, æндæр ахæмты зарджытæ.
Героикон зарæг куы райгуыры, уæд адæм фæзонынц
геройы сгуыхтдзинады_ æмæ фæмарды бæлвырддзинæд-
тæ, æмæ уымæ гæсгæ зарæг вæййы цыбыр.
Героикон зарджытæ ахуыр кæнгæйæ, ахуыргæнæ-
джы æнæмæнг фæхъæуы, адæммæ уыцы геройты тыххæй
цы тауырæгътæ вæййы, уыдонæй пайда кæнын, цæмæй
ахуыргæнинæгтæ базоной, герой цавæр уавæрты фес-
гуыхт æмæ куыд фæмард, уый.
Цæмæй урок зæрдæмæдзæугæдæр рауайа, уый тых-
хæй æз бацæттæ кодтон цыбыр лекци-концерт.
Мæ радзырд райдыдтон «Ленины зарæг»-æй.
Нæ литературæйы тынг бирæ ис, æппæт дунейы фæл-
лойгæнджыты фæтæг В. И. Ленины обрæз чи æвдисы,
ахæм алыхуызон уацмыстæ. В. И. Ленин йæ фæдыл
18
акодта фæллойгæнæг адæмы, ракæсын кодта йæ цæстæй
куырмыты, ссыгъта стыр рæстдзинады цырагъ. Уыи бæр-
зонд ссыди йæ зондæй, афтæмæй та баззади зæххонæй,
хуымæтæг,. фæллойгæнджыты зæрдæтæм" хæст&гæй.
1920 азы В. И. Ленины кадæн Куырттаты комы цæр-
джытæ сарæзтой зарæг, кæцы ран равдыстой, фæтæг
мæгуыр адæмæн цы хорздзинад сарæзта, уый.
Ахæм беседæйы фæстæ скъоладзаутæ байхъуыстой
«Ленины зарæг»-мæ.
Ирыстоны бирæ уыдис, революцийы агъоммæ се
’фхæрджыты ныхмæ чи тох кодта, ахæм хъайтартæ. Уы-
доны нæмттæ æнустæм дæр баззадысты, адæм сыл цы
зарджытæ сарæзтой, уымæй.
Афтæ, зæгъæм, «Чермены зарæджы» æвдыст æрцыд,
мæгуыр фæллойгæнæг адæмы минæвар Чермены тох
Тлаттаты уæздæтты ныхмæ. Чермен цардис XVIII æнусы
кæрон æмæ XIX æнусы райдайæны. Адæмон тауырæгъ-
мæ гæсгæ уыдис Тлаттаты Бестолы номылусы фырт —
кæвдæсард. Зарæджы дзырд цæуы, Тлаттатæ зæххытæ
сæхимидæг кæй байуæрстой, фæллойгæнæг адæмæн дзы
æппындæр кæй нæ бахай кодтой, Черменæн та, куыд кæв-
дæсард, афтæ «цъыфдзæстытæ», «гæмæхтæ»^кæй радтой,
ууыл.
Чермен цуанæй æрыздæхгæйæ базыдта хабар йæ ма-
дæй. Мад ын уайдзæф кæны, кæй ’йæ ницæуыл ныма-
йынц, уый тыххæй, ома «лæг у, зæгъгæ, нæ загътой». Фæ-
лæ,.Чермен йæ сæрмæ æгаддзипад нæ хæссы. Уый нæ
ныббарста æлдæртты фыдраконддзинад, æрæмбырд код-
та хъæуы мæгуырты, байуæрста æмæ сын байтауын код-
та Тлаттаты зæххытæн сæ хуыздæрты. Чермен уыдис
тынг хъæбатыр (фæйнæгфарс), ныфсджын, тыхджын,
хæрзконд.
Æлдæрттæ нæ бауæндыдысты Чермены ныхмæ æр-
лæууын, фæлæ йыл сфæнд кодтой хинæй рацæуын: ба-
сайдтой йæ хъæдмæ æууæнкæй æмæ уым йæ алыварс
æртыхстысты. Фæлæ Чермен ам дæр та йæ цард аслам
нæ радта, йе знæгтæй бирæты фæцагъта.
«Чермены зарæг» у адæмы уарзондæр зарджытæй иу.
Чермены номимæ баст сты ’хъæбатырдзинад, райгуырæн
бæстæмæ уарзондзинад, адæмæн лæггад кæнын æмæ уы-
дон сæрыл тох кæнын. Цæгат Ирыстоны мидхæсты рæс-
тæджьг фæзынд революцион къорд, кавдыйæн йæ ном
19
схуыдтой «Чермен» («Кермен»), къорды уæнгты та хуыд-
той керменисттæ.
Чермены ном цæрдзæни бирæ æнусты дæрг-ъы.
Уыцы раныхасы фæстæ ахуыргæнинæгтæ байхъуыс-
той «Чермены зарæг»-мæ.
1905—1907 азты Уæрæсейы революцийы уылæнтæ æр-
бахæццæ сты Ирыстонмæ дæр. Фæзындис революцион
разамонджытæ ирон адæмы æхсæн. Уыцы рæстæджы
фæзындис бирæ героикон зарджытæ. Сæ зынгæдæртæй
иу у «Дриаты Антъоны зарæг». Антъон царди Хуссар
Ирыстоны. Дзауы фæллойгæнджыты йæ алыварс æрæм-
бырд кæнгæйæ, уый тох кæны æлдæртты æмæ бынæттон
хицæутты ныхмæ. Уыцы тохы фæмард Антъон, æмæйыл
адæм сарæзтой зарæг.
Дарддæр ахуыргæнинæгтæ хъусынц «Антъоны за-
рæг»-мæ.
Уыйфæстæ сын райгом кæнын кодтон сæ чингуытæ,
æмæ бакастысты зарджыты тексттæ. Ам сын бамбарын
кодтон, зарджыты кæй ис, сæ хъуыдыимæ æппындæр
баст чи нæу, ахæм рæнхъытæ. Уыдон сты параллелизм-
тææмæхъæуынц строфатæ баххæст кæнынæн æмæ риф-
мæйы тыххæй. Хæдзармæ куыстæн сын радтон «Кодзыр-
ты Таймуразы зарæг», «Плиты Иссæйы зарæг», «Хъа-
лæгаты фондз æфсымæры зарæг» бакæсын. Дыккаг уро-
чы сарæзтон беседæ, цы зарджытæ базыдтой, уыдоны
фæдыл. Бафарстон сæ, ’хибарæй кæй бакастысты, уыцы
зарджытæй дæр. Бæлвырддæр æрлæууыдтæн «Плиты
Иссæйы зарæг»-ыл. Радзырдтон Хъалæгаты фондз æфсы-
мæры сгуыхтдзинæдты тыххæй, кæцытæ сæ рæзгæ цард
радтой Райгуырæн бæстæйы сæраппонд, цæмæй сæ уар-
зон адæм ма хъæрзой знаджы цырыхъхъы бын.
Урочы кæрон ахуыргæнинæгтæ байхъуыстой музыка-
лон-литературон композицимæ Берозты Тотрадзы тых-
хæй. Ацы скъуыддзаг æз ныффыстон радиойæ магнитон
лентмæ æмæ дзы спайда кодтон, ахуыргæнинæгтæ сæ
хъус актеры аив кастмæ цæмæй æрдарой, уый тыххæй.
Ам ныхас цæуы мæгуыр хæххоп лæг Берозты Тотра-
дзы тыххæй. Бухъзæрдæ бадилатæ сæ зæрдæйы дзæбæ-
хæн хъавыдысты зæронд лæгæй ахъазынмæ, фæлæ Тот-
радз йæхи хынджылæггагмæ не ’руагъта. Бирæты дзы
æрфæлдæхта йæ рæстдзæвин æхстæй. Фæстагмæ йæхæ-
дæг дæр фæмард.
Ахуыргæнинæгтæ тынг æнувыдæй хъуыстой компози-
20
цимæ, бæрæг уыдис, кæй сæм гуырын кæны арф эмоцио-
налон æнкъарæнтæ. Уымæй уæлдай сын сæ хъус æрда-
рын кодтон актеры аив кастмæ.
Хæдзармæ куыстæн сын радтон аив кæсын зонын зар-
джыты тексттæ.
Иннæ урочы ахуыргæнинæгтæ зынгæ хуыздæр кастыс-
ты зарджытæ. Уымæй уæлдай ма цалдæр скъоладзауы
ныффыстой радзырдтæ, урокты дзырд цы хъуыддæгты
фæдыл цыдис, уыдоныл. Мæнæ дзы иу радзырдæй
скъуыддзаг. Ныффыста йæ Гæззаты Светланæ.
МАД.
Иу æрдузы кæрон йæ къалиутæ дæрдтыл фæхаста,
иу-сæдæ азы кæуыл цыдаид, ахæм бæлас. Иæ бынæй
цæстысыгау сыгъдæгæй уади суадон. Хуры тынтæ бæла-
сы сыфтæрты æхсæнты хаудысты суадонмæ æмæ йæ æрт-
тивын кодтой сызгъæринау. йæ былыл бадти нæ сыхæг-
ты ус, фондз æфсымæры мад Хъалæгаты Хангуассæ. йæ
алыварс сырхбазыр дидинджытæ сæ сæртæ æркъул код-
той, цæмæдæр лæмбынæг ныхъхъустой. Ныр цал азы
уайы афтæ æнæрынцойæ æмæ сыгъдæгæй ацы суадон!
Зары. Бæргæ, куы æмбарид, йæ былыл цы саударæг ный-
йарæг бады, уый рыст, куы йын зонид йæ цæхджын цæс-
тысыгты ад. Фæлæууид уæд йе ’нусон згъордæй, лæмбы-
нæгдæр ын байхъусид йæ зæрдæхалæн хъарæгмæ, бам-
барид, йæ былыл-иу цы фондз æфсымæры хъазыдысты,
тæвд боны-иу сæ дойны кæй донæй састой, уый был кæй
никуыуал абаддзысты. Цæмæй зоны суадон, ныр дæр та
йæ уылæнтæй кæй зынынц ныййарæгмæ йе ’дзард фырт-
тæ, кæй та йын æвæрынц тагъд фæзынынæй ныфс.
Фæлæ æгæр æрæгмæ зынынц йæ фырттæ. Фæцыдыс-
ты, цæмæй ацы суадоны ма хъæстæ кæна калм йæ мар-
гæй, ма дзыназой знаджы цырыхъхъы бын сырхбазыр
дидинджытæ, ма хъæрза зæхх. Цал азы сæм æнхъæлмæ
кæсы мад. Нæ йæ уырны, кæй нал æрцæудзысты йæ
фырттæ, уый. Сæ сау тырысаты рыгтæ æрцæгъдгæйæ
фæзæгъы:
«Скæндзæн иу амондджын бон, фæзындзысты мæ
хъæбултæ, æмæ уæд æз сисдзынæн мæ саутæ...»
Техникон мадзæлттæй ирон литературæйы урочы
пайда кæнын у стыр ахъаз урочы хæрзхъæддзинадæн,
21
эстетикон хъомыладæн. Æз фæархайыи ууыл, цæмæй
скъоладзаутæ арæхдæр хъусой актеры дæсны дзырдмæ,
музыкæмæ. Уый охыл урокмæ æрбахæссын магнитофон
кæнæ проигрыватель.
Гъе, æрмæст литературæйы уроктæ техникон ма-
дзæлттимæ фæаразын арæхстгай, фæлладуадзæн урок
дзы куыд нæ рауайа, афтæ, фæархайын ууыл, цæмæй
скъоладзаутæ æнæхъæн урочы дæргъы кæной хъуыды,
кусой литературон уацмысыл.
Дæлдæр рздзурдзынæн, ахæм уроктыл куыд фæку-
сын, уый.
ХЪУЫБАДЫ.
Ног æрмæг бацамоныны агъоммæ сарæзтон цыбыр
беседæ Къостайы сывæллоны бонтыл. Зæрдыл æрлæу-
уын кодтам цитаттæ «Чи дæ»-йæ:
Мæн иу ус фæхаста...
Сывæллон ахуыр,
Иæ дзидзи нæ ласта
Мæ дзыхæй, мæгуыр.
Куыд фæрæзта уыйас
Æппæтæй дæр фаг!
Фæцардтæн æм иу аз,
Фæдæн æм дыккаг.
Дыккаг ус æрхаста...
Æркодтой мæн дæр...
Мæ «чындз» мæ нæ уарзта, —
Фыдсыл уыд кæмдæр!
Йæ рард дæр ысхуыстæй,
Иæ рæвдыд дæр — над,
Йæ «цу-ма» рæхуыстæй,
Гъе, уый, дам дын мад!
Ацы скъуыддзæгтыл æрлæугæйæ, бамбарын кодтон,
Къостайы сфæлдыстады сидзæры обрæз афтæ стыр бы-
нат цæмæн æрцахста, цæмæн дзуры зæрдæрисгæйæ си-
дзæры тыххæй. Бамбарын кодтон дзырдтæ: уысмæн, къæ-
рит, сæндон, ныхас.
Уыйфæстæ аив бакастæн æмдзæвгæ «Хъуыбады».
Æрмæг фидар кæныны рæстæджы скъоладзаутæй
22
домдтон айв кæсын, æрхæцæн нЫсæнттЫл раст лаёууый.
Стæй радтон фæрстытæ:
1. Чи уыд Хъуыбады?
2. Куыд хъомыл кодта?
3. Куыд цардис фыййауæй?
4. Цæмæн фæлыгъд йæ хъæуæй?
5. Куыд .уыд йæ цард уыйфæстæ та?
6. Цæмæ ’рхауд йæ зæронд?
7. Цæмæн æрыздæхт фæстæмæ йæ хъæумæ?
8. Ссарын дзы адæмон æмбисæндтæ. Æмбисæндтæн
зæгъын сæ нысаниуæг.
Урокæй ма 5—7 минуты бæрц куы уыди, уæд баиф-
тыгътон проигрыватель æмæбайхъуыстам Хъуыбадыйы
зарæгмæ.
Бафарстон скъоладзауты, куыд сæм фæкасти ацы му-
зыкæ, цæмæн афтæ æнкъард у?
Стæй сын бамбарын кодтон, Къостайы уацмыстæ
кæй сты тынг музыкалон æмæ дзы уымæ гæсгæ бирæтæ
кæй систы зарджытæ. Хæдзармæ куыст сын радтон æм-
дзæвгæ «Хъуыбады» аив кæсын æмæ хи ныхæстæй дзу-
рын зонын. Аивадон мадзæлттæ (эпитеттæ, барæнтæ)
дзы ссарын. Хъуыбадыйы миниуджытыл ахъуыды кæ-
нын.
6-æм къласы ахуыр кæнынц Хетæгкаты Къостайы
æмдзæвгæ «Сидзæргæс». Ацы æмдзæвгæимæ ахуыргæни-
нæгтæ зонгæ вæййынц суанг райдиан скъолайæ фæстæ-
мæ, арæх æвæрд фæцæуы скъолайы сценæйы дæр. Уымæ
гæсгæ ацы урок сарæзтон æндæр хуызы— проигрывате-
лæй спайда кодтон ног æрмæг бацамоныны размæ.
Урочы райдианы сарæзтон беседæ Къостайы радзырд
«Дзæбидырдзуаны»-йæ (ахуыр æй кодтой 5-æм къласы).
Тынгдæр сын сæ хъус æрдарын кодтон адæмы тыхст
уавæртæм.
«Цардысты уыцы хъæуы ирæттæ. Цардысты тынг мæ-
гуыр, уый тыххæй æмæ сын нæ уыд нæдæр хуымгæнды,
нæдæр хосгæрсты зæхх. Лæгтæ-иу цыдысты дзæбидыр-
дзуаны, устытæ та кодтой хæдзары куыст».
Ацы скъуыддзагæй бæрæг у, Тедо цуаны цæмæн цы-
ди, уый. Æмæ æрмæст Тедо нæу афтæ мæгуыр. Мæгуыр
сты Зебаты хъæуы цæрджытæ иууылдæр.
«Сæгътæ дардтой хъуццыты бæсты, хæрджытæ та
бæхты æмæ галты бæсты. Дыууæ хæрæджы кæмæ уыдис,
23
уый хуындис хъæздыг. Маргъы мыггагæй æгас хъæуыуы-
дис лæгуын уасæг æмæ æртæ фыдуынд карчы».
Ацы скъуыддзæгтæ ахуыргæнинæгтæ дзырдтой наи-
зусть.
Дарддæр сæ зæрдыл æрлæууын кодтой Тедойы сæ-
тæйдзаг хатæн, фæнычы фых лауаситæ, Залийы сагъæ-
сæй дзаг æнгæс, Тедо йе ’мбæлттимæ гæдыйау кæуылты
хылдис, уыцы мыствæндаг. Тедо уыдис сæрæн цуанон.
Уый иу фехстæй раппæрста дыууæ дзæбидыры. Цуанон
бацин кодта, фæлæ йæ цин бирæ нæ ахаста. Чысыл фæс-
тæдæр цуаноны сæрмæ фæзындис дзæбидыртæй иу. Тедо
федта, куыд агæпп кодта дзæбидыр, йæ сæрмæ куыд
фезмæлыд иу дур, дыккаг, æртыккаг. Алы дурæн йæ фæ-
дыл хаудысты æндæртæ къордгай. Дурзæйы гуыр-гуыр
æмæ къæр-къæр бæстæ ныццарыдта æмæ хъуысти
дардмæ.
Фесæфт диссаджы сæрæн цуанон, Ууыл фæвæййы
радзырд. Дарддæр нын фыссæг ницыуал зæгъы. Фæлæ
нæ рох кæнынц адæймаджы зæрдæйæ Тедойы бинонтæ:
Зали — æнæбон сылгоймаг йæ фыртимæ кæнæ зæронд
даринаг фыд Зурапп.
Куыд хъуамæ цæрой дарддæр йæ мæгуыр бинонтæ сæ
дарæджы фесæфты фæстæ? — фæрсын скъоладзауты.
Цы хуызы уайы уæ цæстытыл Зали? Цы хъуамæ кæнид,
сывæллæттæ ма йын фылдæр куы уаид, уæд?
Афтæ беседæйы руаджы ахуыргæнинæгты цæстытыл
ауайын кодтон саударæг Залийы обрæз. Ахуыргæнинæг-
тæ сæ дзуаппыты дзырдтой бинонты тыхст царды тых-
хæй, ахæм цардæй бирæ кæй нæ бафæраздзысты, кæй
ныннизджынтæ уыдзысты æмæ кæрæдзийы фæдыл кæй
мæлдзысты, уый.
— Афæдзы афонтæй сын кæцыйы уыдаид уæлдай
зындæр цæрæн? — фæрсын дарддæр.
Ахуыргæнинæгтæ зæгъынц:
— Зымæджы.
Уыйфæстæ æз фæйнæгыл бакодтон дыууæ нывы
(скодта сæ 5-æм къласы ахуыргæнинаг Плиты Руслан).
Фыццаджы æвдыст цæуы зымæгон тымыгъ, раззаг
пъланы сындзы къалиуыл баргъæвст халон, фæстаг
пълаиы зыны Нары хъæу. Нывы бын фыст:
Халон баргъæвст сындзыл,
Уад тымыгъ хæссы,
24
Сау айнæджы рындзыл
Нары хъæу хуыссы.
Дыккаг нывы æвдыст цæуы хæххон къæс. Астæуæй
къона, йæ сæрмæ аг. Къонайы алыварс бады сидзæргæс
йæ сывæллæттимæ. Фæздæг ахæлиу фæйнæрдæм. Нывы
бын фыст:
Артдзæсты кæрæтты
Фæныкмæ æнгом
Бадынц сывæллæттæ:
Чи бæгънæг, чи гом.
Нывтæ куы бакодтон фæйнæгыл, уæд байфтыгътон
проигрыватель дæр, æмæ къласы айхъуыст «Сидзæр-
гæс»-ы мелоди. Сывæллæттæ ныхъхъус сты. Зарæг куы
фæци, уæд дзы чидæр сабыргай сдзырдта: «Сидзæргæс».
Райдыдтон беседæ, чи сæ цы зоны æмдзæвгæйæ, уы-
мæй. Беседæ фыццаг нывмæ гæсгæ, ома цавæр рæстæ-
джы цæуы архайд, стæй та дыккаг нывмæ гæсгæ: цавæр
уавæры бахаудысты сидзæртæ æмæ сын цы сфæнд кодта
сæ мад? Кæм фесæфт сæ фыд? Урок рауадис афтæ, цы-
ма «Сидзæргæс» уыд «Дзæбидырдзуаны» дарддæр хай.
Сидзæртæн сæ фыд фесæфт зæйы бын, æмæ сæ ныр
дарæг нал ис. Сæ мадæн йæ бон нæу уал сывæллоньг хæс-
сын. Нæй сæм хæринаг æмæ сæ сайы, цæмæй æнхъæлмæ
кæсгæйæ хуыссæг фæтых уа æмæ бафынæй уой.
Уыйфæстæ райдыдтам текстыл кусын. Фыццаг мæхæ-
дæг аив бакастæн текст. Бамбарын сын кодтон дзырд
«æхсæлы». Стæй кæсынц скъоладзаутæ, домын сæ аив
каст, æрхæцæн нысæнттыл раст лæууын, логикон цавд
раст æвæрын.
Хæдзармæ куыст сын радтон: æмдзæвгæ аив кæсын
æмæ хи ныхæстæй дзурын зонын.
Техникон мадзæлттæй пайда кæнæн ис урокты алы
этапты дæр. Æрмæст ахъуыды кæнын хъæуы, кæд æмæ
кæм хуыздæр уыдзæн йе спайда кæнын. Кæд «Сидзæр-
гæс» ахуыргæнгæйæ проигрывателæй спайда кодтон ног
æрмæгбацамоныны агъоммæ, уæд, зæгъæм, 6-æм къла-
сы «Дыууæ дидинæджы» цæугæйæ та магнитофонæй
спайда кодтон ног æрмæг бацамоныны фæстæ.
Къласы бакуыстам «Дыууæ дидинæг»-ыл, равзæрс-
там ын йæ идейон мидис, йæ аивадон мадзæлттæ. Стæй
25
бахæс кодтон скъоладзаутæн сахуыр кæнын наизусть
хæххон кæнæ быдырон дидинæджы ныхæстæ. Бамбарын
сын кодтон, хуыздæр сæ чи дзура, уыдон магнитофоныл
ныффысдзынæн, зæгъгæ.
Иннæ хатмæ скъоладзаутæй иутæ сахуыр кодтой хæх-
хон дидинæджы ныхæстæ, иннæтæ та быдырон дидинæ-
джы ныхæстæ. Равзæрстон, хуыздæр чи дзырдта, уыдон
æмæ сæ урочы фæстæ ныффыстон магнитон лентыл, стæй
сæ сæхимæ байхъусын кодтон. Фæлæ уыдонæн сæ дзырд
сæ зæрдæмæ нæ фæцыд: бафиппайдтой, æгæр тагъд кæй
дзурынц æмæ мын загътой, иннæ бонмæ йæ хуыздæр
кæй бацæттæ кæндзысты, куырдтой, цæмæ’й ацы фыст
фехалон. Иннæ урокмæ æцæгдæр зынгæ хуыздæр сахуыр
кодтой скъуыддзæгтæ.
Афтæ сæхимæ куы байхъусынц скъоладзаутæ, уæц
хуыздæр бамбарынц сæ касты хъæндзинæдтæ æмæ ар-
хайынц се сраст кæныныл дæр.
Магнитофонæй спайда кæнын уацмысæн анализ кæн-
гæйæ дæр.
Зæгъæм, 8-æм къласы Плиты Грисы трагеди «Чер-
мен»-æн анализ цы урочы кодтам, уымæ æз бацæттæ
кодтон Чермены монолог. Кастис æй 10-æм къласы
ахуыргæнинаг (Культурæйы хæдзары драмон къорды
архайæг).
Уымæй уæлдай ма самал кодтон радиокомитетæй иу-
чысыл скъуыддзаг, Даккоитæ Бестолы йæ фырты феса-
фыныл кæм ардауынц, уыцы сценæйæ.
Урок сарæзтон афтæ. Райдианы зæрдыл æрлæууын
кодтам, цы у драмон уацмыс, цавæртæ вæййынц драмон
уацмыстæ, цы у трагеди. Радтон ахæм фæрстытæ:
1. Кæцы дуг æвдыст цæуы трагедийы?
2. Цавæр къордтыл дих кæнынц трагедийы архай-
джытæ?
3. Чи уыд Чермен? (кæй-иу хуыдтой кæвдæсард?)
4. Ранымайут-ма Чермены миниуджытæ.
Скъоладзаутæ ранымадтой, уымæй дзы алы миниуæ-
гæн дæр чиныгæй истой æвдисæндар цитаттæ.
Чермен уыдис æргомдзырд æмæ кæддæриддæр мæ-
гуыр адæмы æфхæрджытæн комкоммæ дзырдта.-Дакко-
йæн зæгъы:
Фæлæ ды стигъæг удхор куы дæ, бирæгъ,
Лæгæн йæ рихи худинаггæнæг!
26
Уый нæ тарстис йе ’фхæрджытæй æмæ ныфсджынæй
ныхмæ лæууыд.
Лæгдæр уæ чи у — рацæуæд хæстæг!
Чермен нал хæссы йæ сæрмæ цагъайраджы цард
æмæ зæгъы:
Нæ, адонимæ нæу мæнæн цæргæ,
Æфхæрддзинад мæ хъару нал у барын...
Мæныл лæджы бар мауал цæуа хъуамæ!
Чермен хорз æмбары, кæй никуы уыдзæн фидыд мæ-
гуыр æмæ хъæздыджы æхсæн. Даккойæн зæгъы афтæ:1
Дæ мыггаг æмæ хистæртимæ мах
Нæ кæрæдзийæн кард æмæ фыд ыстæм;
Зынг æмæ донæн иугæнæн куыд нæй,
Куыд нæй мæлæтæй царды ’хсæн лымæнад,
Нæй уыйау махæн фидыды нысан:
Цагъары ном æз нал хæссын мæ сæрмæ,
Мæ бархи та сын не суыдзæн фæндон.
Дарддæр æз дæттын фарст:
— Цавæр ахастдинæдтæ уыд Бестол æмæ Чермены
’хсæн?
Скъоладзауты дзуаппы фæстæ баифтыгътон магни-
тофон, æмæ байхъуыстой Чермены монологмæ.
Бæргæ мын фыд куы раттаид хуыцау!—
Цы диссаджы æвзыгъд кæстæр ын уаин!
Лæгдыхæй-иу ын рафæлдахин хох,
Ыскæнин фос, уыгæрдæнтæ йын дасин,
Уираг дурыл æрзайын кæнин хор!..
Цы хорздзинад мын бацамонид къухæй,
Æмæ кæнын цы не суаид мæ боп!
Мæ бар цæуид мæ уæззау хидвæллойыл,
Æнцойбон-иу зæрдæрухсæй æз дæр
Мæ карæнты ’хсæн цардхуызæй æрлæуунн...
Кæннод ма кæс, цы хуызæн дæн: нырма
Сæрак дзабыр нæма скодтон мæ къахыл,
Куырæт æнæ ’мпъызт ме рагъыл нæ уыд,
Мæ худ — сæгъдзармæй, цухъа циу — нæ зонын,
Мæ боны дарæс, ме ’хсæвхуыссæн — иу...
27
Дада та ’лдар у! Хорз фыд ма цы вæййы!..
Мæнæн фыд нæй. Мæнæн фыд нæй! Нæй, нæй!
Ацы скъуыддзагмæ байхъусгæйæ ахуыргæнинæгты
цæстытыл уæлдай тыхджындæрæй ауайы æфхæрд фыр-
ты хъысмæт, йæ æрхæндæг æмæ уыимæ уарзæгой зæр-
дæйы уаг, йæ бæллицтæ, йæ сагъæс. Уыцы сценæ Черме-
ны уæлдай тынгдæр бауарзын кæяы, æнцондæрæй йын
фæдæттынц характеристикæ, фæзыны сæм Чермены ак-
каг ныхæстæ.
Дарддæр кусæм Чермены характеристикæйыл.
— Куыд æмбары Чермен уæздандзинад? — фæрсын
æз. Скъоладзаутæ ссардтой дзуапп чиныджы:
Æмæ уæздан зæгъынæй у æрмæст?
Цал сидзæргæсæн ацыдыстут зиуы?
Йе цал мæгуырæн сарæзтат хæдзар?
Цы дæм кæсы уæздандзинад? Æфхæрын,
Тыхмитæ, давын, магусайы цард,
Куыстыл æлгъ кæнын, искæй рагъыл бадын,—
Гъе уый дын у уæздандзинад? Нæ, уый
Ирон дзыллæ уæздандзинад нæ хонынц.
Уæздандзинад куыстæй гуыры фыццагдæр...
Сæхи фæхонынц бирæтæ уæздан,
Фæлæ сæм иу уæздан ми дæр нæ вæййы...
Цыма уæздан йæ дарæсæй вæййы! —
Нæ, æз уæздан æндæрхуызон æмбарын:
Куыстыл æмæ фæллойгæнæг лæгыл
Æлгъ чи кæны, æлгъаг йæхæдæг уый у!
Скъоладзаутæ дарддæр радзырдтой Чермены хъæ-
батырдзинæдтæ. Кæд Черменæн æлдæрттæ уыдысты
æнæуынон, æмæ семæ карз тох кодта, уæд мæгуыртимæ
та уыдис сывæллонау фæлмæнзæрдæ. Чермен уыдис
адæмон герой, мæгуырты сæрхъуызой. Уый канд йæхи
амондыл нæ тох кодта, тох кодта, йæ алыварс æлдæртты
фæсдуæртты хъизæмар чи кодта, уыцы цагъарты амон-
дыл.
Тлаттаты уæздæттæн характеристикæ дæтгæйæ скъо-
ладзаутæ сæргом кодтой уыдонæн сæ фыдмитæ, хъал
28
зæрдæйы уаг, мæгуыр адæмы фæллойæ куыд хъæз-
дыг кодтой, куыд сæ стыгътой, куыд ницæмæ сæ дард-
той, уый. Уæлдайдæр рахицæн кодтой Даккойы маргæй-
дзаг зæрдæйы хатт. Зыд æмæ кæрæф, бафсис кæмæн
нæй, лæджы туг дойныйæн чи нуазы, уыцы Даккойы. Цæ-
мæй скъоладзауты цæстытыл Даккойы обрæз хуыздæр
ауайа, уый тыххæй баифтыгътон магнитофон, æмæ бай-
хъуыстам трагедийæ иу скъуыддзагмæ. Дакко (кæсы йæ
сгуыхт артист Сланты Къоста) ардауы Бестолы, цæмæй
йæ иунæг фыртмæ йæ къух сиса. Балбирæгьтау бакъорд
вæййынц Тлаттаты уæздæттæ æмæ фыдвæнд ныккæнынц
Чермены ныхмæ,
Ацы скъуыддзагмæ байхъусгæйæ скъоладзаутæн æн-
цондæр уыдис адæмы знæгты дыдзæсгомдзинад равди-
сын. Ахуыргæнинæгтæ сæ дзуаппыты æлдæртты схуыд-
той «балбирæгътæ», раргом кодтой, цас фыд-зæрдæ уы-
дысты, фæллойгæнджыты туг дойныйæн куыд нызтой,
уыдæттæ.
Урочы фæстæ скъоладзаутæ мæ алыварс æрæмбырд
сты æмæ куырдтой, цæмæй «Чермен» сæвæрæм сценæ-
йыл, иуæй-иутæ та сразы сты Чермены монолог сахуыр
кæныныл, цæмæй сæ магнитофоны лентыл ныффыстаин,
уый тыххæй.
Уыцы хъуыддаг уый бæрæг кæны, æмæ ахæм уроктæ
ахуыргæнинæгты зæрдæмæ тынгдæр кæй цæуынц, се
’ргом тынгдæр кæй здахынц мадæлон литературæмæ.
Афтæ спа’йда кодтон магнитофонæй, Хъамбердиаты
Мысосты поэмæ «Ард» куы цыдтæн, уæд дæр. Хицæн
скъуыддзæгтæм байхъусгæйæ скъоладзаутæ хуыздæр
бамбæрстой поэмæйы мидис. Æмæ æрмæст уый нæ.
Скъоладзаутæ арæхдæр куы хъусой актеры дæсны аив
ныхас, уæд сæхæдæг дæр ахуыр кæнынц аивдæр кæсьь
ныл, фæзмынц æй. Æмæ уый та стыр хъуыддаг у. Ахæм
урокты ноджы скъоладзаутæ зонгæ кæнынц нæ аивады
зындгонд архайджытимæ: актертимæ, композитортимæ,
уарзын сын кæнынц аивад, æмæ афтæмæй æххæстгонд
цæуы эстетикон хъомыдад дæр. Зæгъæм, спектакль «Чер-
мен»-ыл дзургæйæ, ахуыргæнинæгтæ базыдтой, йæ ре-
жиссер-æвæрæг кæй уыд УСФСР-ы аивæдты сгуыхт
архайæг Брытъиаты Зариффæ, нывгæнæг Цæгат Иры-
стоны АССР-ы аивæдты сгуыхт арханæг Г. Федоров,
композитор — Цæгат Ирыстоны АССР-ы аивæдты
сгуыхт архайæг А. А. Поляниченко. Дарддæр базыдтой,
29
рольтæ чи æххæст кодта, уыдоны. Равзæрстой, актертæн
сæ бон цæйбæрц дæсны баци обрæзты характертæ рав-
дисын.
Магнитофон у стыр пайда фæсурокты куыстæн дæр.
Кочысаты Розæйы комеди «Нæ пъырыстыф сæрра»
ахуыр кæныны размæ литературон къордимæ бацæттæ
кодтам комеди рольтæм гæсгæ аив кæсын. Ныффыстон
æй магнитон лентыл æмæ дзы спайда кодтон урочы.
Ахуыргæнинæгтæ текст чиныджы кæсыны бæсты фе-
хъуыстой рольтæм гæсгæ аив кастæй. Уый сын æххуыс
уыди персонажты характертæ хуыздæр бамбарынæн.
Ууыл дзурæг уыдысты, комедийæн анализ кæнгæйæ цы
дзуаппытæ лæвæрдтой, уыдон.
Радио, магнитофон, проигрыватель стыр ахъаз сты
ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн сæ æр-
вылбоны куысты. Уыдон æххуыс сты, эстетикон æмæ
идейон-политикон, хъомыладон куыст æнтыстджындæ-
рæй цæмæй ацæуа, уымæн.
Уыимæ æнæмæнгæй хъæуы, цæмæй ахуыргæнæг йæ
куыст, йæ предмет бирæ уарза, цæмæй йæхæдæг хай-
джын уа, ахуыргæнинæгты цы миниуджытыл ахуыр кæ-
ны, уыдонæй.
Ахуыргæнæг йæ предмет куы уарза, йæ ныхас зæр-
дæйы бынæй куы цæуа, уæд уыцы æнкъарæнтæ æнæмæнг
бахиздзысты сывæллæттæм дæр.
Как я строю уроки родного языка
в 5—10 классах
Аза Николаевна Габисова
Редактор А. Е. Тулатова
Художник Г. Ф. Ш м а н а т о в. Художествен-
ный редактор Б. П. Г а с с и е в. Технический
редактор А. А. Д з г о е в. Корректоры
Е. У. Датриева, В. Т. Дзодзикова
Сдано в набор 16-У111-1967 г. Подписано к пе-
чати 5-Х1-1967 г. Формат бумаги в^хЮв^/за-
Усл.-п. л. 1,64. Учетно-изд. листов 1,4. За-
каз № 1910. Тираж 1000. Изд. № 88. ЕИ01686.
Цена 4 к.
Книжное издательство Управления по печати
при Совете Министров СО АССР,
г. Орджоникидзе, ул. Димитрова, 2.
Книжная типография Управления по печатн
при Совете Министров СО АССР,
г. Орджоникидзе, ул. Тельмана, 16.
7-2-2
66-67М