Author: Хетæгкаты Д.  

Tags: художественная литература  

ISBN: 978-5-7534-1343-7

Year: 2012

Text
                    84(2Рос=Осет)
Х-38
Хетæгкаты Д.
X—38 Гоцъи. Ирон богал [Текст]: Особайы дугæй фыдæлты
таурæгъмæ гæсгæ — Дзæуджыхъæу: Ир, 2012 — 47 ф., ил.
Хетагуров Д.Б.
Гоци: историческая поэма на осет. яз.
15ВМ 978-5-7534-1343-7
Поэма о том, как Гоци — осетин-горец за честь и славу Грузии
вступил в единоборство с перситским богатырем и в жестокои схватке
сразил его.
^4803500202-12 л, лп в//ота л ч
Х М131(03)-12 1412 84(2Рос=Осет)
© ГУП РСО-Алания «Издательство «Ир», 2012
ТЗВЫ 978-5-7534-1343-7 © Григоряп В.С., оформлепие, 2012


гоцъи Тар æхсæв бафæллад бонырдæм мадау. Бæстыл рæвдаугæйæ ракодта радау; Арæх цæстысыг зæххы риумæ калы. Рохуатмæ адæтты сагъæс, æфхæрд. Афтæ хуындæджы бадгæйæ ызгъалы Сонтæй æвæндонæй моймæ лæвæрд! Бадзæбæх алкæй зæрдæ та фынтæй. Уонгадагъд, кусæг фæрæвдз и фæндтæй. * * * Уалынджы Скæсæн сæумæраджы ссыгъди: Арвыл сæуæхсид уæлæуæзмæ слыгъди. Хох-Ази цъуппытæй пиллон ысуагъта, Иу сæрæй иннæмæ стъæлфæн тындзы: Тар æхсæв бæстæ йæ бæрны ныууагъта, — Хуры цæст дунеты радгай хынцы. Рог фын, гæлæбуйау, дардмæ тæхы, Сагъæс нынцъылдтæ и мады ныхыл. :•: # ф Акасти хурзæрин арвæй фæйнæрдæм, Акасти айнæджы рагъæй дыууæрдæм: Рагон Быдыр-Ази далæ... цæгаты... Бирæ фæхатти ирон дзыллæ уым! з
Бирæ туг акалди тохы бынаты!.. Хуссарæй Особа ’вдисы йæ къуым. Акасти ноджы Ныгуылæнмæ хур: Уартæ Уæлладжыргом ... Нары бындур!.. *•* *■••* *•* Нарæг у Нарыхъæу; бакъуындæг рагъыл. Мæсгуытæ сфидыдтой хъæуы дыдагъыл. Диссæгтæ! Диссæгтæ доны ’дде фæзы: Байдзаг и Поты фæз номдзыд лæгтæй. Се ’гъдау, сæ бакастæй адæймаг рæзы, Сфæнд кодтой ахъазын абон гæрзтæй. Райдианы фехстой уæлбæхæй фæттæ. Цъиуты тæхгæ-тæхын кодтой цæфтæ. *•■* *••-* *••*, Уый фæстæ ’вдыстой сæ лæджыгъæд кардæй. Алчи дæсныйадау базыдта уартæй. Сонтæй болатдзæгъдæн кодта фыдцардæй! Бирæты сахъдзинад рабæрæг уæд. Митгомы уадысты барджытæ дардæй; Къæйтæ ’мæ къултыл нæ зынди сæ фæд. Цъилау зылдысты сæ бæхты бынты; Тахтысты цæндыл цæргæсау хæрдты. •Л’ *'+ л* •Т* •> *> Уыцы домбай лæгты зарын куы цыди, Тасæй уæд Тъеплейы сау хох нæрыди! Уалынджы райдыдтой дурæй фæлварын, — Арæнæй размæ уæззау дур æхстой. 4
Се ’ппæтæй дардмæ фæрæзтой æппарын, Се ’ппæт дæр хъазтмæ дæсны ’внæлд зыдтой. О! Фæлæ, иу дзы уæлдайдæр уыди, Се ’ппæтæй Гоцъи домбайдæр зынди! * * * Къонайы алыварс бадтысты ’хсинтæ. Сафайы фарнимæ архайдтой ’фсинтæ. Хетæджы кадджын чъырынæн йæ цъуппæй Кастысты Нары зæрæдтæ бынмæ. Се ’хсар, сæ лæппуты къупп æмæ тъуппæй, Хауди ’мæ ради сæ зæрдæ хæрдмæ: Особа карды ком дардта цыргъæй! Особа не ’фсæсти туджы пырхæй! #*:' ^’ Бирæ цæмæйдæрты ноджы фæлвæрдтой, Тых æмæ ’взыгъдæн амалтæ лæвæрдтой. Фæзы хъæбысæй хæцыдысты радгай, Фистæгæй уадысты дугъы чыртæй; Алкæй æвæрдтой ныхæй-ныхмæ ’рвадгай, Алчи ныссих и йæ фыды фыртæй. Хъаматыл кафынмæ бавнæлдтой, ба. Сгуыхт лæгæн кодтой хъæбыстæ ’мæ ба. *:'*:' 'I- Цалынмæ диссæгтæ фæзы цыдысты, Уалынмæ минасмæ ’фсинтæ зылдысты. Чъырыны, Хетæджы рагон хæдзары, Нары къæдзæхыл, уæд байгом и куывд! 6
Дзыллæ æнæмæтæй кувы ’мæ зары. Фынгыл хæбизджынтæ — дардыл ыссывд: Бурбурид физонæг, аджы фыхтæ... Адджын бæгæны... æппæтæй цæттæ! *1+ л* ^ •Т* •> •> Ракуывтой хистæртæ Гоцъийы номыл... Загътой æргомæй: «Хъаруджынæй схъомыл. Уый хуызæн саг-гуырдтæ ма нæм куы уаид, — Особа кадджынæй баззаид уæд! Зæрдæ уæрыккау фæкафид, фæраид! Ахæмæн цингæнгæ фидæм ирæд!» Ноджыдæр ноджы ма рауагътой рæгъ. Се ’ппæтæн хъал зæрдæ — иууыл уæрæх. * * * «Уазджытæ! Уазджытæ, хистæртæ, мæнæ!» «Уазæг — Хуыцауы дæттинаг! — Цæмæн нæ?! Мидæмæ... Мидæмæ рахон сæ тагъддæр!» «Фарн уа уæ куывды, хъæбатыр мыггаг!» «Уазджытæн нуазæн... фæрнæй цæрат смах дæр!» «Чи стут?» — нæ фæрсæм уæ, скæнут аккаг! Сбадтысты дыууæ дæр хистæрты цур. Анызтой, ахордтой... цæсгæмттæ — дур! * * * Сыстади дыууæйæ хистæр æрæджиау. Загъта: «Фæндараст уæм фестæм æвæджиау! Махæн нæ мыггаг — гуырдзыйы уæздæттæй. 1 Курæг нæ ’рвиты Елечъре-паддзах... 8
Курæг нæ ’рвиты Гуырдзыстон лæгæттæй... Бабын нæ кодта хæлæттагæй сах! Уе уазæг абон Гуырдзыстон кæнæм, Йе сæфт æнæ уый нæ цæстæй уынæм... * * * — Ардæм Гуырдзыстонæй згъорæм хъæргæнæг: Куры нæ дзыллæ — фæлæуут хæрзгæнæг... Тæтæр ныббырстой... гуырдзыйы фæцагътой... Хъæдты, лæгæтты ма ’мбæхсæм нæхи. Хъæуты тыхгæнæн тырыса ныссагътой. Уе уазæг! Равдисут сымах дæр уæхи! Зонынц уæ карды ком тæтæр, бæргæ, — Уе ’ххуысдзинадмæ та кодтам бæлгæ! * * * Арвыстам ноджы Куырттатæм... Дыгурмæ... Ирмæ... æрхæндæгæй — не скаст, нæ хурмæ... Рамбырд ут иумæ! Ныццæвут йæ фæстæ! Зонæм æй: лидзæг фæуыдзæни знаг! Сымах ын ныттонут йæ пакъуы , йæ фæрстæ! Бирæ фос ратæрдзæн — чи уа фыццаг... Мах та уæ фыдæлты уазæг — уæ мæрдты!— Фервæзын-ма нын кæнут-та нæ цæрдты! * * * «Фендзыстæм!» — загътой сын хистæртæ дзуаппæн. Йе ’дде уæд фесты нæ гуырдзиæгтæ саппæн, — Уайынц Уæлладжырмæ ноджы фæдисы! Дæтты лæгæрдынц, къæдзæхтыл бырынц. 10
Къасары уалынджы бафтыдта дисы: Нарыдон зары, ’мæ хæхтæ нæрынц... Тохы зард! Дуртæ къæдзæхтимæ — тох! Къулæй ныццарауы хъузон: «Æрс-тох!» *ь *1* ^ '> *1" •> Адай-хох цъитийы мадау рæвдауы, Хур та «Нанайæн» йæ уадултæ дауы: Нармæ сыгъзæринæй конд дзыкку ’вдисы. Нары ма бадынц тæрхоны, уæлфынг. Ног хабар чидæр йæ зæрдæмæ исы... Иннæ хæсты койæ бахъæлдзæг тынг. Кæстæртæ хъус-хъус, лæугæйæ, кæнынц — Тохы, хъазуаты рæсугъд ныв уынынц! »г* *г» »Г» Бур Джио сыстади. Къухтæ-ма ’рцагъта. Алырдæм акасти, уый фæстæ загъта: «Уо, хуртæ! Диссаг мæм уый кæсы, диссаг... Æлдæрттæн алы хатт Ирмæ сæ уад, — Исчи мæнкъæй дæр куы сгара сæ риссаг! Дымгæ уæд фестынц — нæ сæ ’ййафы уад! Се ’взаг нæм фелвасынц — нал ис быцæу... Рувас цъыллынджытæм афтæ рæвдз нæу!.. Зонут æй... Сосланы... Дауиты... Зонут! — Афтæ гуырдзиагау уе ’ппæт æй хонут. — Сауæрфыг, риуджын, хъуымбылдзыкку уарзта: Ракуырдта паддзахы иунæг чызджы. Паддзахы худ нын йæхицæн æрбарста, — Ирæн уæзæггæрц фæлмæнæй рæхджы... Сау-уадыг хаста сæрысуанг Цæгат! Хуссарæн арты, кæдзусæй, бынат! н
* * * Иры фæсивæд йæ сау туг ныккалдта — Гуырдзыйы знæгты фæйнæрдæм фæтардта. Цардысты кадджын Сослан ’мæ Тамар, Уæздæттæм ферох Сосланæн йæ ном! Иры кой, майды-ма, æмæ ыссар! Афтæмæй денджызтæ бакодтам гом! Гуырдзыйæн радтам æнæмæты цард: Ластæй фæдардтой нæ барджытæ кард. *».* ».♦> •.»> Бодиси ’гъдауæй, цæстмæхъус ныхасæй, Аздæхтой фалæ сæхимæ нæ ’гасæй. Гуры цы фесты уæ хуыздæр мыггæгтæ? Бафæрсут уымæй, æфсымæртæ, мæн: Сосланы фæткыл цыдысты уæ лæгтæ! Уарзтой гуырдзиаг чызджытæ ’мæ сæн... Афтæмæй бавæрдтой адæмыл саргъ, Даугæ, сæрфгæйæ ныл баппæрстой уаргъ! ^, ^, *\, •Т* <* ’г Бахъуыди уый фæстæ Оси Бæгъатыр! Ир та фæуагътой сæ гæвзы, сæ хатыр: Калачы, Гуры фæтых и Цæразон! Алкæмæн сбæрæг и йе ’гъдау, йæ бон. Базыдтой дунетæ Иры фæразон. Рахицæн та стæм нæхуыттæг, бынтон. Нал цæуæм уыдон сæраппонды ныр! — Кæрддзæмы кæрдтæ нытътъыссæм æмыр!»
* * * Джио йæ бынаты ’рбадти мæстыйæ. Гуырдзыйы байсæфт, бæлвырд у, — фæнды йæ. Бандонæй фестади Гоцъи, лæппуйау! Кæстæртæм аздæхта йе ’лхынцъ æрфыг. Алчи йæ бынаты ’ргуыбыр хæддзуйау. Уарджытæ сагъдау лæууынц ма уырдыг. Райдыдта Гоцъи уæд арвау нæрын: «Хистæртæ! Фæсивæд! Даргъ ныхас... рын! Чи уыди абон нæ куывды, нæ бадты? Ниугæ кæй федтам? Цæй адæмы хатты? Уыдон тыхгæнæг куы не сты, мæ хуртæ! Уыдон сæ удтæ куы кæнынц нæ бар. Уазæджы бавæрынц цъиутæ ’мæ дуртæ... Мах сæ куыд ратдзыстæм афтæ лæвар?! Худинаг чи ’рхæсдзæн махæй сæрмæ? Чи ма уæ ракæсдзæн искуы лæгмæ? V*-» V»-» *.»> * ^ '{ Зонут æй, ничи уæ бакæндзæн афтæ!.. Не уазæг дзыллæйы йе знаг ныццавта. Кард уæ кæмæ и, лæджы худ кæд дары, — Райсом уæд мемæ, мæ балцы — цæттæ! Алчи уæ тынг хорз йæхæдæг æмбары, Цас хъæуы барæгæн тохы фæттæ. Ме ’мгæрттæ! Кæстæртæ! Чи у разы? «Не ’ппæт дæр! Не ’ппæт дæу хæссæм хуызы!»
# * * «Хорз, уæдæ!.. Боны цъæхæй та — фæндараст! — Бафæдзæхс, Хетæджы Уастырджи, н ’араст!.. Не ’фсымæр Джио! Дæумæ у мæ ныхас!.. Ратт-ма, фæстагмæ, ды комкоммæ дзуапп! — Иумæ рæстдзинæдтæ бабæтт, нынныхас; Бахынц дæ мæрдтæмвæндаг... йе чытапп: Адæм, гуырдзиаг — фæллойгæнæг чи у, Уый та цы кодта?.. Куы бамбыд йæ чъиу?! * * * Йемæ, фæрсæй-фæрстæм, бирæ цыдыстæм, — Рагон заманты, дам, иумæ уыдыстæм: Искуы йыл афтæмæй зæрдæ фæхудти?» «Нæ! Гоцъи... Уымæн йæ бар дын йæхи!.. Уый фæллой дымгæйæ раджы ныффутт и! Ууыл æппындæр нæ барын мæхи: Мацабел, Ерыстау, Цицитæ... зон, — Ахæмты ардыдæн нал ис кæрон! * * * Адон нæл гæдыйы уавæрæн фесты, — Фырнæрдæй, мæнæ, уæлæмæ чи не сты! Алырдæм ауагътой се ’взæгтæ комæй. Уымæй, гæдыйы ныхылд нæм кæнынц... Арсы тынд иу бон ныккæнæм сæ ’ргомæй! Фæлæ сæ фырзыдæй никæй уынынц!.. Гъе мæ хур, Гоцъи! Гъе уым дын лæууын! Абон уал демæ фæдисы цæуын!» 15
:•: ф :{: «Уо Джио! Уыдон рад, ма тæрс, уыдзæни: Алчи та йе сæфт нæ къухæй уындзæни! Уыдон æрбадтысты ’ввонгæй нæ хайыл; Ноджы фæджыгъы-фæджыгъы кæнынц, — Гаджидау раттын нымайынц уæлдайыл... Искæй дæлбазырæй хъавынц, хъуызынц. Фæлæ мын уыдоныл ма бар лæджы, — Чи уыди мах тыххæй арты, зынджы!.. "I* •> •> Фауинаг ма кæн хъæбатыр аланы! Ма кæн фыддзæсгом Дауиты-Сосланы! — Дзыллæйы номдзыд фæтæгæй фæцарди: Уый, Джио, кадгæнæг махæн уыди! Иры-аланты мæтæй-иу куы марди! Уый Трапезундæй Дербентмæ цыди, Æмæ сæ немæ ныббаста бынтон, — Бирæ уыд Иры паддзахæн йæ бон! Чи уæндыд уый ныхмæ кард æмæ фатæй? Чи дын æй фаудтаид исты сахъатæй? Знаджы цæсты раз-иу балæууыд артау! Уымæн тыхгæнæг куы не ссардта тых! — Ма кæ! Ды ’гады пæлæз-иу ыл ма ’ртау! Уымæн сыгъдæг у йæ цæсгом, йæ ных! — Денджызæй-денджызмæ, — Хуссар-Цæгат, — Мах-иу уыдысты — Аллоны бынат!
-Г* *!> *!- *г* '** 'I4 Не знæгты бынтыл кæрдæлвæстæй хатти. Хуссар Кавказы биноныгæй ’рбадти. Ханæй, мæликкæй дзы схъиудтой куырмæджы. Дардмæ йæ койæ лыгъдысты тæссæй. Алкæмæн йе знаггад бафыста ’рмæджы: Ничи дзы баззади цухтæй мæнкъæй! Никæй дæр бафхæрдта афтæ, рæстæй. Мардта фыдгулы фæсмонæй, мæстæй». * * * Уынæргъы, ниуы къæхты бын Гуырдзыстон... Сау зæрдæ тæтæр кæнынц æй гæныстон, Адæмы ссæстой араббаг бæхты бын. Хъæутæ ’мæ зад хуымтыл бафтыдтой арт. Иугай хъæбатыртæ фесты кæрдты бын. Алы хæдзарæй дæр — хаст, кæнæ — мард. Бирæ аив сылтæ рустæ тыдтой. Саби чызджытæ тыхмитæ уыдтой. ^•с <•> ^?> Номхæссæн бауа хытъынджынæй теуа! — Хурджын быдыры фæкæны та реуа. Йе ’ккой фæхæссы фыдæлты хæзнатæ, — Мæнкъæй Гуырдзыстоны бирæ фæллой! Хуртуан цыкурайæ!.. бирæ «зæрнатæ»! Тæтæр зыдгæнгæ куыннæ сæм бæллой?— Арвы, хъырихъуппы балау, рæгъæй Барджитæ бастæй лæууынц ма, дæргъæй...
*;* *»> «л* •Т* •> *> Уаих уат Цицитæ, Баградтæ, ’ндæртæ!.. Мастæй кæрæдзийæн фидут æмбæртæ... Бирæ ис, бирæ фос, уе ’ппæтмæ, тæккæ, Афтæмæй тонатæ ноджы кæнут!.. * * * Уалынджы зæйтæ ныггуыпп ластой хохæй! — Рацæуынц хайдомаг тугуарæн тохæй. Раййæфта тæтæры зæйтæн сæ тымыгъ: Тæтæр фæсыкк ысты Иры ныхмæ! — Фаты фындз, карды ком — уайтагъд фæкъуымых.. Фезгъорынц ... нал лæууынц Иры цæфмæ... Бирæ тæлæттаг фос баззади уæд: 'Рцыди сæ развæндаг комкоммæ ’хгæд. *> '** ч* Иры саулохæгтæ артæй зындысты, Уарийау, быдырты, кæмтты зылдысты. Арф лæгæт, тар хъæдæй, адæм фæстæмæ Хъæутæм цыдысты зæрдæджынæй уæд. Сау сыгъдæй къонатæ федтой гæзæмæ, Уый фæстæ судзгæ маст калдтой уæлвæд: Алы ран кодтой ызнаджы тыхсын, Райдыдтой ханты сæхуыдтæг бырсын. * * * Тæтæр сæ паддзахмæ згъордтой фæдисы. Загътой йын: «Искæй ма бафтау цæдисы! Кæд æмæ нæй, уæд нын бацархай хинæй! — Фембылди, фесæфти арæзт хъуыддаг!» 19
Бахудти паддзах, фæсонт и фырцинæй, Дзурын дæр н ’арæхсти уыйбæрц фыццаг, — Иу фæнд æрцахста ма хинæйдзаг сах: «Минæвар!.. Састу Елечъре-паддзах». -!' -!' -!' *Т* ""’ 'Г> Тæтæры минæвар Гуырдзыйæн загъта: «Паддзæхты хистæр, нæ сах уæ ныууагъта... Нал хæцы смахимæ, нал æй æвдæлы... Састы бынаты ныллæуут æрмæст! Адæмыл ауæрдын сахæн æмбæлы! Нал уыдзæн не ’хсæн æппындæр ызмæст.— Кæд æмæ ууыл нæ кæнут разы, — Богæлтты Сау Богал сымахмæ хъызы! *!* 'I* <1* Исчи лæгæй-лæгмæ рацæуæд уымæ! — Дунетæй иуы нæ дары æрдумæ! Искæй къæбæда йæ тых кæд фæлвары? Цæйут!.. Кæд смахмæ дæр ис ма богал? Нæй уæм... Елечъре-паддзах æй æмбары. Чи зоны, ссарат ын амæттаг гал!.. Науæд уын саст у Елечъре-паддзах! Махон куы амæла, — саст у нæ сах... ».*> •>»> •.$* »4* г^ г4> Паддзæхты бардарæг, хистæр Ираны, Алцы дæр ам уын ныууадздзæн йæ раны: — Уымæй уын йе стыр фыды ном æвдисæн!» Бардарæг загъта ма ноджы мæнæн: 20
«Лæгъз быдыр дыууæтæн не ’фсæдты ’мбисæн! Иннæтæн къуылдымтæ, рæгътæ — кæсæн. Астæуæй — дыууæ хъæбатыры тох, — Хуры тын райсом куы фæуа уæлхох». * * * Аздæхти минæвар рарвитæг сахмæ. Дуне ныккасти Елечъре-паддзахмæ... Гуырдзыйы ’лдæрттæ фæбадтысты ’нкъардæй, Сагъæсы бахауди семæ сæрдар. Се ’ппæт фæтарстысты богалы кардæй... Сау Богал, уастæн, куы фæуид бындар! Бирæты арвыста «Сауфыд» мæрдтæм... Ничи ма сарæхсти йе стыр кæрдтæм. * * * Искæй ныййарæг йæ уадултæ тондзæн... Чидæр та райсом мæгуыры бон зондзæн. Хасты фæуыдзæни ноджы Гуырдзыстон... Ир ма куы баххуыс кæниккой, бæргæ; Уыдон нæма сты быркуыйау сæныстон. Рассывтой тæтæры, маргæ... цæвгæ! — Хорз сæм куы фæкæса сахы ныхас?! Не уæнгты смидæг уыдзæни уæд хас!» *?> *•> *•> Бахъæлдзæг, барухс Елечъре фæстагмæ. Загъта: «Фæлывдæй, кæлæны фæндагмæ, Иры хъæбатыртæ фестой нын ичъи... Уыдонмæ бирæ домбай гуырдтæ ис! 22
Ацы тох иры фæндагæн у ричъи: Расайдзæн ноджы йæ фæстæ фæдис... Исдзысты уыдон сæ лæгæн йæ туг!... Махæн та скæндзæни амондджын дуг»... * * * Цингæнгæ сразы сты иры лæппутæ. Иры фæйнæгфæрстæм кастысты ’рдутæ — Амæлын, абырсын искæй богалы. «Кад нын кæнынц!» — зæгъгæ, загътой æрмæст — «Паддзах рæвдауы цæдисон æмбалы!»... Чи хаты, — нуазæн у маргæй ызмæст?!. * * * Райсомы хуры тын цъуппыл ныдзæвди, Рагъы ’дде тар æхсæв къуырфы ныссæфти, Ноджы фæлурсдæр сæуæхсид ма кодта, Афтæ, дын, Къуары быдыры, æваст, Уадындз фæдисон уаст дардæй ныккодта. Алкæй цæстæнгас, гъе, уыцырдæм баст: Рацæуы бардарæг сахы богал!.. Хохыйас! Сау Уæйыг! Сау бæхыл! Хъал!.. * * * Дисы бын фесты уæд ир æмæ гуырдзы: Барæджы амбæхсдзæн къухы бын, уырзы!.. Катай фæдисонтæ кодтой, æрæджиау: Базыдтой паддзахы «кад æмæ рад». Бамбæрстой: сайды та фесты, æвæджиау... Байрæджы: «Иу исты дзырд æмæ ард!» Радтой Елечъре-паддзахæн сæ дзырд: «Худинаг!.. Абон фæлæууæм-ма цырд». 23
*!' -!' -1' *;* ^ *1» Ирæн сæ хотыхтæ хуримæ хъазынц. Цъусдугæй-цъусдугмæ рæстæг ивазынц. Иры ’хсæн не ’нцайы катай, хъуыргъуындæг: «Кæй, уæдæ, кæй?» — зæгъгæ, алчи фæрсы. Хуры цæст батар и, дуне ныкъкъуындæг... «Чи, уæдæ? Чи уыдзæн? Чи йæ бырсы?»... «Гоцъи та! Гоцъи, мæ хуртæ, уæддæр! Хетæджы сахъ фырт, нæ Гоцъи — лæгдæр!» ».'.»*.»>».% *!* -Ь •!• Мидбылты бахудти Гоцъи хъæлдзæгæй: Уый йын æхцон у — кæй ысты хынцæг æй. Гоцъийæн рагæй йæхи дæр фæндыди, — Дзыллæмæ касти-ма ’нхъæлмæ æрмæст! Богалмæ сонтæй фæйнæгфарс уæндыди: Тынг бирæ уарзта лæгæй-лæгмæ хæст. Дзауматæ асгæрста... хорз у йæ бæх... Ифтонг у алцы дæр... фидар, дзæбæх! *»> *.*> *.»> *Г" •> '!* Йе ’мбæлттæ, ’рвадæлтæ, се ’ппæт йæ цуры. Йе ’рвад Джери йæм æнкъардæй уæд дзуры: «Ме ’фсымæр! Уастырджи демæ!.. Фæндараст! Мæнæ мæ диссаджы кард дын дæттын...» Афтæмæй, рон халгæ, Гоцъимæ бараст. «Бузныг, Джери! Æз мæхи кард сæттын! Ауадз мæ! Уартæ нæм рацæуы арс! Хохы дзуар, Уастырджи — ме ’мбал, мæ фарс!» 24
*!■* *•!* к1* *г» *Х* *г Сау Богал сæрра и, судзы фырмæстæй... Уартæ йæ дынджыр кард рахæссы ’лвæстæй. Гоцъи, — хæххон барæг, — размæ фæтæхы. Сау нымæт дымгæ фæйлауы хæрдмæ; — Рахизон базыр фæстæмæ фæлдæхы; Иннæйы Гоцъи æрнадтæ бынмæ: Гоцъи «дæ бон хорз» зæгъинаг уыди, — Кæрддзæмæй карды ком уымæн зынди... * * * Сау Богал ауыдта Гоцъийы дардæй. Бартхъирæн кодта йæм, бавзыста кардæй, Аскъæрдта сау бæхы растдæр йæ ныхмæ... Нал æй ысфæндыди раттын «салам»: Ауырдыг тарæй «æдзæсгом къæйныхмæ». Загъта: «Дæлæ-уæлæ нал хъæуы ам!» Уайгæйæ, сæрмæ ныхъхъавыди ’мраст; Кардæй нырриуыгъта Гоцъийы ’васт! * * * Гоцъи фæмæсты и, уарт æм фæдардта, — Алы хæцæнгарз нымæты бын дардта. — Уæйыгæн уый дæр йæ лæппын нæ уыди: Баисты згъæлæнтæ кард æмæ уарт! «Сауфыдæн» Гоцъийы къухæй æмгъуыд и... — Кæрддзæмæй ферттывта Гоцъийы кард! Арвау тæмæнтæ фæкалдта фыццаг, — Уый фæстæ лæджы фæкодта лыггаг!..
*!* *!- <* *'* *!,• '*% Бадгæйæ Сау Богал баззади бæхыл! Барджытæй ничи ма сæмбæлди зæххыл! Афтæмæй дыууæ кæрæдзи ныууагътой. Дисгæнгæ, ’фсæдтæ ныттилынц сæрæй... Уалындæн се ’ппæт сæ габæзтæ сцагътой: Гоцъи йæ басхуыста карды фындзæй... Богалæн — ронæй уæлæмæ йæ гуыр Туг калгæ атылди зæхмæ, мæгуыр! * * * Паддзæхты бардарæг — Парса, — Ираны, — Бахауди Гоцъийы руаджы фыд раны: Афтидæй аздæхта ’фсæдтæ сæхимæ. Лидзæгау акодтой Къуары былтыл: Судзаг маст баууылдтой ноджы цæххимæ! Бастау цыдысты æлдæртты бынтыл... Гуырдзыйы циндзинад донау фæкъæртт!.. Быркуы та фестади зилгæ уæдæртт! *!* *!* *!' *** ’Г •> Ирæн æппæлæн ныхæстæ фæдзырдтой: Алы рæсугъд тинаг гуырдзы фæпырдтой. Хистæртæ бирæ фæкуывтой, фæкуыдтой... Бæсты рæвдауæн æгъдæуттæй цæттæ, — Уазджыты се ’ппæт фæд-фæдыл фæхуыдтой. — Иумæты банызтой бирæ сæнтæ... Сарæх и Гоцъийы кой æмæ ном: Алкæй зæрдæйы дуар бакодта гом! 27
Ч&. Л* ЧЬ ’!" »Г* ’г» Паддзах Елечърейы галуантæ змæлынц... «Ололи» зарджытæ арвыл æмбæлынц: Уазджытæн — Ирæн — æрцарæзта дисæн Паддзах Елечъре æмбойны фынгтæ; Минас, — Гуырдзыстоны арфæйы ’вдисæн! — Равдыста абон æнахуыр фынтæ... Ничиуал баззади хорзæй æддæ. Нал ис фæлындыд сылгоймаг фæстæ! %1* %»* •>«>. *г* »Г* »г* Паддзах йæхæдæг та хистæрæн бадти. Уый фæстæ йе ’лдæрттæ — чемæты хатти... Иу фынгыл йемæ — ныхыдзуарджын, йе ’фсин. Гоцъи дæр бадти, гъе, уымæ хæстæг. Сыстади паддзах, ыслæууыди йе ’хсин. Дзыллæтæ иумæ уæд фесты фæзмæг. Райста Елечъре нуазæн сæнæй: Райста æвзистбын йæ къухмæ фæндæй. ":- ’Т’ '1' Хъусы йæм дзыллæ, кæддæра цы зæгъид? Зонынц: йæ ныхас зæрдæйыл æндæгъид. Уалынджы райдыдта дзурын кæугæйæ: «Бирæ ныхæстæ нæ бахъæудзæн мæн!.. Баназæм Гоцъийы кадæн лæугæйæ! Ничи мæ бафæрсдзæн смахæй: «Цæмæн?» Гоцъи — нæ ирвæзынгæнæг, нæ уд! Уе ’ппæт кæронмæ йын афтæ лæуут!»
^ ч»* ч»> *** *** Л* Йе ’взистбын Гоцъимæ радта: «Мæ номыл! — Бузныг дæ фыдæй, дæу чи скодта хъомыл... Ацы нуазæныл де сгуыхт ныффыстам. Макуы йæ фесаф! Ие макæмæн ратт! — Богалы уымæй дæ мæрдтæн фæлдыстам... Ме ’вдисæн дзыллæ, нæ хуыздæрты бадт. Нодлсы уыдзæни бæстæ дын лæвар, — Баком æмдзæрин! Дæ зæрдæ мыл дар!» *г *?* *!* «Бузныг, Елечъре, дæ рардæй, дæ кадæй! Смахæй дæр бузныг, уæ бирæ лæггадæй!» — Радта сын Гоцъи дæр дзуапп уæд фæстагмæ. — «Ныуазæн» адджынæн мемæ хæссын. Адардтон абон мæ хъус та фæндагмæ. Хохы, уæлвонгæй, гæрæнæй кæсын!.. Арвыл æнцайынц мæ фыды бынтæ! — Ахадынц цæсты нæ Иры фынтæ! * * * Бузныг, Елечъре! Нæ бæллын козбаумæ! Курын дæ, ма мæм хат! Ауадз фæлтау мæ: Асады хур уæм... сæрхъуызой бæргæ дæ!.. Исчи, æнхъæлайæ, бадзурдзæн ам: «Бакуымдтай, оххай, лæскъдзæрæн! быргæ дæ! Гоцъимæ ничи ма хаста хæрам! Никæмæн радтон æз ме стур бæрнаг... Ничи дæр федта мæ хаддзон, мыййаг!»
*•* *к Л Минасмæ бадынц цæлуарзон уæздæттæ! — Стауынц æмхуызонæй рагон сæндæттæ. Алкæмæн тарст зæрдæ йе ’муд æрцыди. Тас æмæ зноны фыдæбæттæ — рох! Алчи йæ сины сæр хъалæй хæцыди. Тар фынау, адард и Гоцъийы тох. Дзаг фынгыл ноджы та къахеттаг сæн: Басаста абон æлдæртты нæрсæн! * * * Ерыстау амыдта Цицитæй иуæн: «Хорз у ирон лæг цæдис æмæ зиуæн! Хорз! Фæлæ, ацы фыдуаг лæг тæссаг у... Хинымæр арф хъуыды ’взонгæй фыссаг у. Ир æй Бæгъатырæй домынц уысмæн!.. Хибар кæнынæн та бахъæудзæн хин... Дихтæ гæнгæйæ, нæ вæййæм æлгъин!» * * * Паддзахы фарсмæ æдзынæгæй бады Йе ’мкъай — гуырдзыйы рæсугъдты нымады. Гоцъийæ цæстæнгас нал исы рагæй: Зæрдæ йæ агуры, домы бæргæ. Баууылдта былы цъар не ’хсин дæндагæй. Хибарæй бадынмæ кодта бæлгæ. «Бастæй цы бакæнон?» — рохстæй дзырдта. Бирæ цæстдарджыты куывды уыдта. * * * Уалынмæ райста сыгъзæринæй нуазæн. Байдзаг кæнын та йæ кодта сылвазæн.
Гоцъийæн ноджы цæрæнбонтæ загъта... Банызта уымæй йæ тæккæ быныл. Мойæн йæ зæрдæ уæндон мийæ скъахта, Мастыхос бакалдта адджын сæныл! Федта: йæ сылгоймаг радта цъынды, — Искæй рæвдауынмæ нал у чъынды. * * * «Айс, Гоцъи, уый та мæ номыл дæхицæн!» — Загъта ма ус, æмæ къухтæй фæхицæн Диссагæн арæзт, сыгъзæринæй нуазæн. Гаджийы даргъ фырт æй рацахста уæд: «Уый та мæн уыдзæни! Нæй йын ныууадзæн! Ис ма дæм, Гоцъи, — æгъгъæд дын фæуæд Нард уарай!» — роны йæ батъыста арф... Сарæх и дзырдæн йæ карз æмæ тарф! * * * Ерыстау, цингæнгæ, фестади фынгæй, — Ссардта æрмгæнæн! Уым райдыдта тынгæй: «Ма йæ ратт, Гаджийы сахъ фырт, æгонгæй! Хæзнайы ’рцахстай тæхгæ-тæхын ды! Уыйадыл бафснай дæ дзыппы йæ ’ввонгæй! — Арæх куы вæййы хæлæйфаг куывды — Фауинаг ма нæм уæд ахæм цæрдæг! Ма кæнут хъуыддаг ам афтæ сæртæг! ^•с *»с ^с Хъуыддаджы паддзахмæ бахастой адæм: Бакæн рæстауадзæн! — иумæ куы бадæм!.. Паддзах-Елечъре, йæ усмæ мæстыйæ, Усы фыдæнæн, уæд аласта фарс, — 34
Нозтджынæй хистæрæн бадти къуыттыйæ. Цингæнгæ усыл фæкодтаид арц: «Ерыстау арфæгонд! Скъахта йын й’ апп»! Худгæйæ паддзах ма радта сын дзуапп. ч!> *1* ч»* ’Р •> *г» Ерыстау дзуры та Цицитæй иуæн: «Сахсæн цæттæ у, къæлæтимæ джиуæн... Гоцъийы никæд дæр равдæлдзæн махмæ: Адон — кæрæдзийæн знагæй фыддæр! Се ’ппæт, фырхæлæгæй, хъавынц паддзахмæ. Балцы сæхиуыл æрхудынц уæддæр: Байдайынц искуы фæзмæгау лæггад. — Хорзæн сæхимæ нæ барынц йæ кад! * * * Хъулон ми бакæнынц иумæ сæ фæндиаг. Радгай ысуинагæн судзынц йæ фæндаг — Къордæй йæ хисты рæгъытæ кæнгæйæ, Рухсагæй раппæлынц, басидынц тынг. Сидзæрты, мады ныууадзынц кæугæйæ: Бындурыл сирвæзы арт æмæ зынг... Иугæнæг — иууыл æнæнтыст! нывонд! Адонмæ зонынджын мастæн нывгонд!» * * * Бахудти Цицитæй иу æмæ дзуры: «Ерыстау!.. «Сой-соймæ» бадарæм «хуры»... Ноджы-ма бандзарæм хъæмп æмæ ’хсæлы, — Се ’ппæт куыд фæуой кæрæдзи цæгъдæг»... 35
Сыстади: «Зонæм æй, махыл цы ’мбæлы, — Ахъуыды-ма-иу кæнут æй сындæг: Гоцъи! Дæ рынтæ дын бахæрон æз!.. Алыхатт, афтæ, кæмдæриддæр бæзз!» * * * Ардыдæй арвыстой Иры фæстæмæ... Уымæн сæм уадысты хохмæ лæгъстæмæ?! Тауинаг байтыдтой ’нæвгъау, бæзджынтæ, Сæвзæрди маргæй сырх-сырхид бæлас! Бирæ мыггæгтæм фæхæццæ мæрдджынтæ. Бауагътой ноджы кæрæдзийы тас. Тугагур, туджджынтæй ссардтой хæдзар, Фесты фыдвæндæгтæ, иннæтæ — ’дзард, & * & Гоцъи дæр бамæстджын уыцы фæндагыл. Байтыдтой ницæйаг сæфты хъуыддагыл... Нармæ фæхæццæ и туджджынæй, знагæй: Гаджитæй уый къухæй амарди авд! Ардыдæй кодта фыдмитæ, хæснагæй. — Гаджитæ уый кардæй фесты æрвдзавд. Туджы къуыбылой нын разынди уæд: Йе знæгтæ фесты æвæд, йе фыдвæд... * * * Авд азы Гоцъи фæхæцыди Нары. Авд азы алчи фæбадти хæдзары! Фесты дыууæ дихы дзыллæтæ ’гасæй. Знаджиуæг дыууæтæ кодтой хъæбæр. 36
Алчи йæ фидæртты царди ма ’дасæй. Хойраг фæбæрц и.. кæрдзыны къæбæр: Хъугомы ничиуал дардта дзыбыр, Рувæнты ничиуал кодта гуыбыр. *!* ^ ч^ *г* "•,' •> Рацæуæн нал уыди къуымæй, æппындæр... Хъæутæм лæбурдта-иу бирæгъ... лæппын дæр... Хосдзау кæм ма дын риуыгъта цæвæгæй! Хуымты хæрæгсындз æрзади лæгбæрц! Хусысмаг нал цыди кæмтты фæззæгæй. Уды монц сарæх и, знаджы цæф, къæрцц.. Хъавæг æмбæхсæн хæмпæлæй зынди. Марæг-иу сусæгæй размæ хылди. * * * Иу хатт куы уыди, уæд бадтысты ’мбырдæй Фидар чъырыны бын Гаджитæ ’мдзырдæй: Сарæзтой стыр куывд та Гаджиты дзуарæн. Къулы ’мбуар равæрдтой фынгтæ рæгъæй. Иу лæппу слæууыди хъахъхъæнæг дуарæн. Фазвистон кæрдтæ та сластой цыргъæй. Минасмæ адардтой се ’ппæт сæ хъус! Хистæртæ кодтой арахъæй фæсус. *ь ^ ч»> *> •> *Ь Тар æхсæв; доны хъæр... сау дур... мæсгуытæ... Гаджитæ лæппутæн уарынц ысгуытæ. Ауыгъдæй рагон цырагъдарæн судзы. Поты фæз, Нары дон... далæ... бынæй. 38
Гаджиты уырдæм сæ цырагъ нымудзы. — Ацы ’хсæв Гоцъи нæ кæны фынæй... Талынджы йе ’мбалмæ дары цæсгом: «Цæй, Джио, арфæтæ ракæнæм, цом!.. * * * Гаджитæ бадынц, тæрхæджытыл зарынц... Донæн цъæх арахъ ныр афонмæ дарынц. Цом æмæ басгарæм уыдон!.. дыууæйæ!— Багæпп кæндзынæн æз мидæмæ уæд: Баззай-иу чъырыны дуармæ лæугæйæ... Гъе Джио! Афтæ мæ фæндыл фæуæд: Гаджитæй чи сгара дуары къæсæр, Уымæн дæ кардæй-иу акъуыр йæ сæр! * * * Мидæгæй уадз сæ мæ бар, уæдæ, абон... Ацы хатт, зон, æмæ се ’хсæв нæ бабон!» Дыууæ фæндгæнæджы рацæуынц иумæ. Поты фæзæй-ма фæкæсынц хæрдмæ, — Бахæлæг кодтой зæвæтджын æвдиумæ. Рындзыл, мæйдары, фæлæсынц фыдмæ... Фидар чъырыны дуар тулдзæй, фæтæн. «Мæнæ и! Бахæц ыл! Батъæпп æй кæн!».. & *'< & Уе ’хсæв мæ фæндиаг у, Гаджитæ, бонмæ Багъæцут! Иугай уæ калдзынæн донмæ!» Загъта ма Гоцъи, æхсаргардæй тилгæ... Телбос ныцъцъыкк кодта кардæй æваст: 39
Къуымты ныххæлиу нæзы цырагъ, зилгæ. Гаджитæ саугуырмау фесты дзы раст... Талынджы кæрдтæ фæцъипп ластой тагъд. Цъиндæгæй самадтой хæст æмæ загъд. *;* *;* ■> •т» -I* •> Гъемæ, кæрæдзи, мæгуыртæг, ныццагътой! Хъама сæхиуæтты буары ныссагътой. «Маргæут не знаджы! Тынгдæр цæвут æй!» — Афтæ ма талынджы кодтой хъæртæ. Гоцъи ныццавта йæ карды къæбутæй, Хибарæй, тагъд-тагъд, кæйдæрты сæртæ. Уый фæстæ раппæрста дуармæ йæхи. Гаджитæн цагъды ныууагъта сæхи.. * * * Дуаргæсæй Джио фæлæууыди уынджы: Гаджитæн куывды нæ федта сæ фынджы. Уалынджы мидæгæй чидæр фæзынди. Дуарыл гуыбырæй куыд рацæйцыди, Афтæ дын Джиойы кардæй фæцъынди. — Джио цæмæй зыдта — Гоцъи уыди?! «Маныццæв!.. Амардтай, бургъун, куырмæй!» «Гъæтт, уæдæ, Гоцъи куы дæ мын, сæрæй!» *;* ч* <' «Гъоцъи дæн, Гоцъи, мæ фыдыстæн, рагæй! Ам дæр та ноджы уæлахиз... сæйрагæй! Гаджитæ никуы мæ ферох кæндзысты! — Абон ма иунæгæй хорз сын фæдæн: 40
Цытджын Барастыры иумæ уындзысты. Ме ’рдыгæй, базон, æгъгъæд у фыдæн... Райсом æдасæй-иу басгар дæ хуым! Алчи æнæмæтæй уадздзæн йæ къуым!» «Уо Гоцъи! Афтæ бæргæ, хур, нæ чины!.. Зонæм æй: бахауди сау къæм нæ цины! — 'Рдуйы бæрц иу лæгæн иннæ нæ быхсы. Не ’ппæт цыбырхъуыр, цыбырзонд ыстæм. Иры дымджытыл фæдылдзог нæ тыхсы. Марджыты хонæм нæ фыды бæстæм! — Не ’хсар нæхи мидæг уæгъды сæттæм! Иры быдыртæ кæмæндæр дæттæм»... * * * Ма мыл ку, Джио!.. Кæуинаг нæма дæн! Хъарджытæ фидауынц хотæ ’мæ мадæн. Уымæй æвдисы йæ хъару сылгоймаг. Уадзы йæ зæрдæйы судзаг, йæ маст... Не ’мбæлы — кала цæстысыг нæлгоймаг. Ма кæ фыдамондæн уайдзæфтæ, хъаст! Уый бæсты баздæх, æмæ йæ фæсур! На ’мæ, нæ комы — ныццæхх уæд! Ныммур!.. * * * Не знæгтæй иутæй, ысуæгъд ыстæм абон: Се смаг нæ цæстытæ къахта, куыд давон! Не счъилы норттæ нын уагътой фæстейы; Знагварсæй цардысты немæ, фылдæр 42
Акæс-ма, акæс, — цытæ цæуы ’ддейы?.. Уый бон ныртæккæ фæци нæ уæддæр! Хиндзинад халынмæ ис нын амал! Уæгъды къуылымпыйæн нал дæн æмбал! * * * Ерыстау, Цицитæ... махырдæм хилынц. Размæ хъуызгæйæ, сæ гæндзæхтæ тилынц. Рионгом атыдтой, хизынц Къуыдармæ; Мацабел ноджы сæ размæ тындзы, — Турк æмæ тæтæр нæ тæккæ хæдзармæ! Нукæй, æнæвгъау, нæ сау туг тæдзы, Се ссыр æвæрджытæ адон ысты... Рагæй- æрæгмæ нæм кодтой мæсты. & * & *»■» ’»* »*"» Ма мæт кæ ’ппындæр мæныл, Джио, ’нкъардæй!.. Ме згъæр мæ фервæзын кодта дæ кардæй. Райсом хъæргæнджыты арвит фæйнæрдæм: Фехъуысæд кæмтты нæргæйæ: «фæдис»! Не знæгты ассивæм! Хъауджыты скæрдæм: Сыстæд хъæдабæйы ныхмæ сæхъис! Цхетайæ, Рионæй... размæ цæвæм!.. Искæй тыхгæнджыты ’вæндæй тæрæм! ♦ * * Раздæр мæхæдæг ныццæуон Къуыдармæ, — Фидæрттæ, хæцæнтæ райсон мæ арммæ. Кæмттæн сæ нарджыты рагацау ’рбадон, — Цалынмæ Иры фæсивæд зына! 43
Уе ’рцыдмæ не знæгты, фаринтау, сфадон, — Алы фæливæг нæм йе сæфт уына. Сухы цагъд сын уым ныккæнæм, бынтон, Дуне куыд базона не ’хсар, нæ бон! * * * Нар æмæ Мамысон, Дзомагъ, Зæрæмæг, — Уыдон уал раздæр уыдзысты сæ нæмæг. Райгуырæн бæсты куыннæ уа тыхгæнæг, Уымæ куы бæллыдтæ рагæй ды дæр: Ма уæнда не ссæндын искæй фыдгæнæг. Цом-ма!.. Фæуæм ын йæхицæй фыддæр! Джио, дæ рад у, дæ мастисæн, — йай! Ма кæн дæ боныл дæхæдæг тæргай!» * * * «Гоцъи! Хуыцау мæ дæ фæхъхъау фæкæнæд!.. Не знæгты ралгъитæд, æмæ ныгæнæд! — Амæй рæсугъддæр ма циндзинад уаид? Цом, уæдæ, цом, мæ хур, Гоцъи, гъе ныр! — Се сæфт уынгæйæ, мæ зæрдæ фæраид; Банцаид судзаггаг, масты тыппыр... Рагон бындуртæ сыгъдæггæнгæ цом! — Демæ, дæ фæнды, уыдзынæн хæстхъом!» * * * ... Ферох и Особа... арвы гæрæхтæ. Бирæ фыдбонтæ ма федтой нæ хæхтæ. Бирæ тыфылты ма фесты нæ кæмттæ... Нары къæрццæмдзæгъдæй зарынц куывды; 44
Семæ ныццарауынц лæгæттæ, кæмттæ: «Гоцъи уа рухсаг! Уо, рухсаг уай, ды!» Гоцъийы ’взистбынæй рауадзынц рæгъ: Хоры бæгæныйæ — зæрдæ уæрæх! '*' *> '4* Радзуры хистæр, фæрнæйдзагæй, бадты, — Уымæй йæ кæстæртæн зондамынд ратты: Гоцъи куыд хæцыди, знæгты сæтгæйæ; Гуырдзыйы ’лдæртты кæм кодта дæрæн; Арвы гæрахау кæм цавта, бырсгæйæ... Амоны йе стыр гæнæхтæ лæгæн: «Фенут-ма, далæ Къуыдары, мæ хур! — Уый койтæ ракæнынц къултæ ’мæ дур!.. * * * Абон дæр кады рæсугъддæр хъæцæнтæ Хондзысты Гоцъийы рагон хæцæнтæ. Фенут-ма ноджы Чысангомы, далæ: Йе стæг, йæ тугæй у мыггæгты хай! Уым дæр фæзынди Сæрибары Стъалы!.. Ферттывта дзыллæйы амонды къай! — Особа фестади уый руаджы сындз: Ирыл нæ уæндыди абадын бындз!»
Стæм дзырдтæ Уонгадагъд — куыствæллад. Быдыр-Ази — Азийы быдыртæ. Поты фæз — Нары фæз. Тъепле-хох, Нарæй Куырттаты комы ’хсæн. Чъырын — стыр чъыруагъд мæсыг. Елечъре — Гуырдзыйы паддзах. Сапп — хуымы кæрон. Дауит-Сослан — Иры æмæ Гуырдзыстоны паддзах. Уæзæггæрц — æфсондзы æфтаугæ нымæтæй. Кæдзус — сыгъдæг. Оси-Бæгъатыр — Ос-Бæгъатыр. Быркуы — стыр дурын. Хас — фæззыгон мит æмæ къæвда иумæ куы фæуа- ры, уæд гъеуый. Ичъи — сындзы мыггаг. Ричъи — дуарæхгæнæн. Къуар — Кура. Хъуыргъуындæг кæны — тыхсы йæхинымæр. Рахисон — рахиз фарсырдыгæй чи ис, уый. Фæлындыд — дзаумайæ хæрзарæзт. Парса — Иран. Сæрхъуызой — фарсхæцæг, сæрылхæцæг. Хаццон — зæхх (кæнæ æндæр исты) рæстæгмæ лæ- вæрд, (хæрынмæ) цалынмæ хæсджын йæ хæс нæ бафида, уæдмæ. Ерыстау — Гуырдзыстоны уæздан мыггæгтæй иу. Цицитæ — Гуырдзыстоны уæздæттæй. Рохсти — æнкъард зæрдæйы уаг; мæтгæнаг. Æрмгæнæн — къухбакæнæн хуынкъ, дуары фарсмæ, æхгæнæнмæ æвналынæн. Бакæн рæстауадзæн — хъуыддаг рæстдзинадмæ гæсгæ бакæ. Æдзар — цардæй æнæхай. Монт — мард, сæфт. Фазвистон кард — хъаматы кард, йæ фистон алы- хуызон сыкъатæ æмæ стджытæй арæзт. 47
Литературно-художествеиное издание ХЕТАГУРОВ ДАВИД БОРИСОВИЧ гоци Историческая поэма на осетинском языке Редактор С. 3. Хугаев Художник М. С. Туганов Технический редактор А. В. Ядыкина Корректор Т. А. Казбекова Компыотерная верстка 3. С. Мисиковой Сдано в набор 14.12.11. Подписано к печати 29.12.11. Формат бумаги 60x841/16. Бум. офс. №1. Гарн. шрифта «Кис1га$поу». Печать офсетная. Усл.-п. л. 2,79. Учетно-изд.л. 2,04. Тираж 500 экз. Заказ № 209. С 12. Министерство культуры и массовых коммуникаций РСО—Ала- ния. ГУП РСО—Алания «Издательство «Ир», 362040, г. Владикав- каз, проспект Мира, 25. Отпечатано: ИП Лавор И.Н., (типография «Лаки Пак»). г. Ростов-на-Дону, ул. Мечникова, 112, тел. (863) 256-77-90.