Author: Багаты Л.  

Tags: художественная литература  

ISBN: 5-7534-0630-0

Year: 1992

Text
                    БАГАТЫ ЛАДИ
щш
ЗЩЩЩ
Æмбпсæядтæ
ДЗÆУДЖЫХЪÆУ «ИР» 1991


840сет Б21 Багаты Л. Б 21 Ирон зæрдæхудт. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1992 —56 с. Багаев В. 3. Осетинская обида. 15ВЫ 5-7534-0630-0 Тематика басен разнообразна и актуальна*—в них высмеивется взяточничество, подхалимство, ротозейст- во. — словом, все то, что мешает нам в нашей жизни. 4702470000—97 Б 37—91 840сст М131(03)-91 15ВЫ 5-7534-0630-0 © Багаев Л. 3., 1991
ж шт*шш* шшжтшжшжшштшжж Саг Æрхуыдтой кады ’мбырдмæ сырдты. Кад кодтой алкæмæн дæр фаг, Фæлæ сæ разагъды æмбырды Сæйрагдæр койаг разынд Саг. Цæвиттон, Саг фæрнджынæй, растæй Зæронды карæнмæ фæцард, Æмæ йын буц, уæздан ныхасæй Ыскодтой намыс æмæ кад. Дзырдта æнæхъæн сахат Бирæгъ: — Уæздандæр Сагæй сырдтæм нæй, Æдыхдæр уымæй не ’хсæн — бирæ, Фæлæ дын бафхæра рæстæй, Кæнæ дын искæй хайæ тона,— Сыдæй дæр амæлдзæн... ызнаг... Фæлæ у додойаг йæ къона, Зыдгæнгæ дзы кæй фена Саг. Йæ фæстæ Стай ысдыдта, Саджы: — Нæ хъæдты фидыц Саг у ’рмæст! Дзырдта дзы Франк: «Нæ хъал мыггаджы Хуыздæрæн уый вæййы æвзæрст...» 3
Æппæлыд Саджы зондæй бур Арс: — Тыхджындæр ничи у сæрæй! Ныффыста кадæг Сагыл Рувас Æмæ йæ азарыд хъæрæй... Уæдæ дын зарын дæр нæ зыдта?! Йæ цуры булæмæргъ ныхъхъус. Дзæнæтон мæргъты ’взаг фæзмыдта... Æмбойны Саджы зæрдæ сбуц. Бæгуы! Нæй Саджы цардæй растдæр! Дзырдтюй дзы се ’ппæт дæр æцæг. Фæлæ йæ уый бæрц сырдты астæу Хъуыддагæй ничи уыд фæзмæг. Автор Кæддæр, уæлтæмæны заман, Фыссæг куыннæ вæййы æрра та... Ныффыста Мыстулæг роман Æмæ йæ редакцимæ радта. Фыццаг æм никæй къух фæцырд, Стæй, иу афæдз куы аззад лагъзы, Уæд иу бон Рувас, Тæрхъус, Уырд Роман æрæвæрдтой сæ разы. Кæсы йæм редакторты къорд. Цы у? Куыд у? — уырзæй йæ ’взарынц. Цæй бæрц дзы ис æрхъуыды, зонд? — Лыстæг сасирæй йæ луарынц.
— Цы темæ равза^рста! Кæсут! Нырыккон! — фестад Уырд фыр цинæй,— Тæлфы дзы хи сæрмагонд уд! Уый — иу, 15:æ куырыхон зонд — иннæ... — Кæм федтай ахæм цыргъ æвзаг?! Рæстдзæвин,— Тæрхъус дзы æппæлы,— Нæу дуджы комулæфтæй хъуаг... Романæн рухс фенын æмбæлы! — Бæргæ! — зæгъы сæ хистæр Рувас, Фæлæ фæурæдта йæ цин. Æрæвæрдта йæ куыстаг иуварс .Æмæ дын сагъæстыл фæци. — Зæгъ! — курынц дзы,— цæуыл у мæт? Куыд уыдзæн чиныджы хъысмæт? Фæлæ у Рувас хинæй йедзаг, Æмæ та аныхъуырдта йе ’взаг. «Куы уаид автор Домбай, Арс,— Хъуыды кæны,— фæлæ Мыстулæг?.. Фæу ныр Мыстулæджы фарс, Стæй сом дæхæдæг цу куыст курæг...» Фæстæдæр сæргом и йæ фæнд, Йæ хъуыды балхынцъ кодта афтæ: — Уадз чиныг стыр æнтыст дæр уæд, Фæлæ... зæгъут-ма, чи у азтор?! Æмæ та редакторы лагъзы Роман лæзæры ’мæ дзыназы. 5
Гæрæм уыры æмæ æхсæрæг Кæмдæр та хъæдбын, конд хуымы кæрон, Æнæвдæлон фæззыгон бон, Гæрæм Уыры йæ арф хъуынкъæй куы слæст, Уæд федта бæласмæ йæ цæст, Æхсæрæг хъазгæмхæццæ, рогæй, Куыд хаста ’хсæр бæласы цонгæй Уæлдæр йæ ахстонмæ æхсæртæ. Гæрæм Уырыйæн адæнгæл йæ зæрдæ, Фыр хæлæгæй фæцæйтыдта йæ маст, Фæлæ уæддæр йæ сыхагмæ ыскаст: — Куыд дæ? Цытæ систай дæ хуымæй? Цæмæй та цæрдзынæ зымæг? — Цæмæй? Хуыцау цы радта, уымæй... Мæнæы хуым никуы кæны мæнг,— Дзырдта йæм Æхсæрæг бæрзондæй,— Кæсыс, бæртæ кæнын гыркъотæй, Æхсæр уа, тæрс — мæ фаг уыдзæн... Уæдмæ та уалдзæг дæр цæудзæн... — Сæнтуай! Цæмæйты мын æппæлы Æмæ цæуыл дары йæ ныфс! Æгæр бæрзæндты мын тæхыс... Уæдæ-ма фен, дæ сыхаг та куыд цæры! Æмæ дын систа йе ’вæрæнтæ ’вдисын, Йæ гонтæ ’мæ йæ уæрмыты фæллой, Кæм найгонд хор, кæм та нырма куыристы, Кæм къутуты—цы рассадта куырой: — Кæс, мæыæ ам—æндæразы мæнæу, Нырма йæ кæри къахыргонд дæр нæу... Уæлдæр та — хлепа фароны æрнайæ,
Дæс азы фаг цæкуы æмæ дзæрнайæн. Сæ фæстæ ноджы — ног азы сысджы, Хæрд мын нæ фæуыдзæн. рæхджы... Дæлдæр та — хохаг хоры кæри: Кæрвæдз, хъуыдалы æмæ сиск... Цыбыр дзырдæй, дæ рæбынты цы ис,— Мæ фæсдуар уымæй дæр фылдæр и! — Бæлвырд, хъæздыг дæ! — уый ысбæрæг,— Фæкодта Уырыйæн Æхсæрæг,— Фæлæ ма уый дæр зæгъ æххæст: Хуым кæнгæ дæ цæуыннæ фены цæст? — Кæнæнт хуым иннæтæ фæрнæй!? Мæнæп мæ фыдæлтæй нæ баззад,— Ныххудт Гæрæм Уыры хъæрæй Æмæ та давынмæ фæцæйуад... — Фæлæуу! Фырзыд æвыд нæ вæййы! Тыд хоры ард дæ басудздзæн, налат! — Æхсæрæг Уырымæ фæуад... Фæлæ фыдгæнæджы зæрдæйы Рæстамынд не ссардта бынат... Йæ райсом хъæдбын, конд хуымы фæстæ, Гæрæм Уырыйы фендæуыди мардæй... Æхсæрæг ма йыл бахъыг кодта дардæй: Уыд давæггаг хор ацы хатт хъæстæ. Дурæй-дурдæр Дур хъуыста адæгÆмæ æнусты, Æмæ цы нæ диссаг дзырдтой! Фæлæ фылдæр бон уад йæ хъустыл Æрмæст æлгъыст æмæ фыдгой. 7
Кæзбынæн фидис кодтой дурæй: — Нæ ^феккуырсдзæн, куыд фæнды дзур! Уæзхъусæн-иу дзырдтой йæ цуры: — Дзырд дын нæ фехъусдзæни — дур. Фыдлæг уа: — «У йæ зæрдæ дурæй», Чъынды — «Нæ дзы рантысдзæн дур». Цæстцух лæгмæ цыфæнды дзурай — «Цæндыл дын не ссардзæнис дур...» Дур хъуыста уал азы лæмбынæг, Æмæ нæ фæлæууыд, мæгуырæг: Тъæппытæ ахаудта кæмдæр... Нæ сæрдар разынди хъæбæрдæр: Цы фау æм не’ рхæссынц—æппæтдæр Быхсы æмæ цæры уæддæр! Хъæдын цырагъ Æрхастой музеймæ зæронд Хъæдын цырагъ... Кæм ма йæ ссардтой, чи зоны, цы ран? Зынгæ бынат æй сауыгътой. Ныффыстой: Цы у, кæй хъуыди, чи йык кодта аргъ, Цæмæн бæззыд æмæ-иу дзы цы куыстой... Æмбойны стынг кодтой Хъæдын цырагъы кой: Фæрсынц æй, дзурынц ыл. Нæ йæ уадзынц æнцой... Кæмдæр æй чидæр та æмбисондæн æрхаста. Цыбыр ныхасæй, афтæ дæр дзырдтой, Цыма йæ дауджытæй кæддæр Амыран байста. 8
Куыннæ разилдзæн ахæм дзырдтæй сæр! Йæхлуыл7 фервæссыд. Хъæдын цырагъ æгæр, Кæм уыдис—ферох дзы æмæ бæрнджынæй загъта: — Æвæдза, гъе ныр дæр кæм ис мæнæй хуыздæр,— Зæгъ-ма, мæ фарсмæ циу уæ электрон цырагъ та?! Цыма нæртон дзырд сирвæзти йæ дзыхæй, Кæмæдæр бахъардта нæ хиппæлойы фæнд... Уæдæ, зæгъы, фарн де сныхасы уæд, Æмæ дын галуаны Хъæдын цырагъ ыссыгътой,— Фыдгулы хъуыддæгтæ дын уый хуызæн фæуæд: Куы ссудзы, бахъары мæрдон рухсыл йæ цин, Куы схæцы ирддæрæй, цъæх пиллæттыл исси, Ыстæй пыспысгæнгæ æрмынæг ис бынтондæр... Цы хъуамæ суа йæ бон фыдæлтыккон зæрондæн? — Нæма срухс, афтæмæй йæ «диссæгтæ» фæци. Цæвиттон, таурæгътæн цыбыр кæрон æмбæлы: Фыдæлты хъуыддæгтæй ам нал хъуыдис æппæлын. 9
Хуыснæджы фæд Кæмдæр, дам, иу шофыр Бензины боцкъа ссардта, Кæм дзæгъæл баззади Æнæхайыры артаг, Уый абон чи зоны, Фæлæ ма ис, бæлвырд, Кæцыдæр шофыртæй Фыдгалиу æмæ зыд, Æмæ йæ машинæ Æд боцкъа хъæумæ тардта. Цыд давæг над митыл, Йæ тых-йæ бонæй згъордта. Фæзылд-иу фæсвæдмæ, Фæдфæливæнтæ кодта. Бынтон æдас кæй нæу, Уый хатыдта дзæбæх, Фæлæ зыдыкайы Фыр цинæй ма цы домдта?! — Хæцут мыл ныр,— дзырдта,— Мæ дымæгыл мын—цæхх... Æвыд кæд баззайы Æнæсæрфат ыскъæрæг?! Нæ разынд боцкъайæн Нывыл æхгæд йæ къæрмæг. Йæ дзæгъ-дзæгъ шофырæн Бæргæ йæ хъустыл уад, Фæлæ йæ рахат, цу, Дæ машинæйы хъæрмæ!.. Æмæ йæ давд бензин Лыстæг цыхцырæй калд...
Кæм зайынц боцкъатæ Æнæнымадæй настау!.. Сæ гæс сыл райсомæй Йæ цæстæнгас куы ’рхаста, Уæд дзы кæронæй иу Йæ бынатæй нæ зынд, Æмæ дын с ’алыварс Уынгæ-нымайгæ разылд, Ыстæй уæд фæндагмæ Кæйдæр цæлхвæд æрхаста. Бæргæ, афоныл—уæд Кæронмæ цæлхвæд ахæсс, Фæцу йыл агургæ Хæстæг уа æви дард, Æмæ дæ давæджы Йæ галиу митæй бафæрс, Ныр та йæ ацу ’мæ Сæдæты ’хсæн ыссар! Фæлæ нæ хъалагъур Бæгуылæгау фæцарæхст: Цы хъуыды йæм æрцыд, Æрмæст хуыцау — йæ хатæг, Фæлæ дын фæндагмæ Йæ мæнг цæстæй куы ’ркаст, Уæд артхос асыгъта Æмæ йæ хъавгæ, цадæг, Æруагъта цæлхвæдмæ... Бензин ыссыгъд æваст... Арт размæ азгъордта, Йæ фæдыл лæджы хоны: Арт лидзы быдырты, Куы дæлвæндагмæ ’рхизы, Куы схизы уæлвæдмæ, 11
Йæхи дын хъæумæ сисы Æмæ нæ къæрныхæн Йæ кæрты арт ыстынг... Хъæр райхъуыст хæдзарæй, Лæг разгъордта фæдисы: — Фæдис! Мæ сыхæгтæ! Мæ къæсыл сирвæзт зынгГ Æмбисонд давæгыл, Æвæццæгæн, кæм хъæуы. Йæ фæд хуыснæг лæгæн Æнæуи дæр—бæлвырд. Фæлæ, мæ буц кæстæр, Мæ зондамынд дæумæ у: Лæджы фæд судзгæ нæ, Тæхгæ-нæргæ фæцæуы, Æмæ-иу макуы ’руадз Дæ цардвæдыл рæдыд. Хабос Хабосы сых:æгтæ æрхуыдтой... (Сæ хъæубæсты уыдис нымад) Æмæ сæ фыр цинæй нæ зыдтой, Кæм ма йын акæной бынат, Цы хуыздæр авæрой йæ разы... Нæма ’рбадт, афтæмæй йын — нуазæн: — Фыццаг уал айс къæсæрæггаг, Нæ къæсæртыл фæрнæй æрбахиз! Дыккаг та дын—æмбæлæггаг, Нæ куывд фыдæмбæлæгæй бахиз! Сæ фæстæ райста хонæггаг, п
Кæстæрæггаг, йæ.уазæггаг... Æмæ, кæдмæ уыдис.йæ бон,— Нæ уыдис нуазæнтæн кæрон... Цы ’вæрдтой уый фæстæ йæ разы, Цы дуагæн, цал æмæ цæмæн,— Нæ зыдта уый Хабос, фæрасыг, Æмæ йæ рауагътой хъæмæ. Йæ фæстæ акæсын кæй ,1фæндыд? Æмæ куыд адзæгъæл ис лæг, Сæ куыдз Барбос куыд цыд йæ фæдыл, Нæ фæци уыдæттæ уынæг... Йæ райсом адæм федтой: æрхы Хуыссынц Хабос æмæ Барбос — Фæлæ сæ ничи хаты сыхæй — Кæцы у дыууæйæ Хабос? Хабосæн йе ’мбисонд — йæхи! Дæхи, дам, фыдбылызæй хъахъхъæн. Фæлæ фыдбылыз æмæ хин Кæм ис фылдæр нæхи арахъхъæй? Къулы сахат Уæд, зæгъы, Къулы сахат банцад... Цы кодта, уый зонæг нæ уыд. Кæддæр дæс сахатыл кæм баззад, Ныр дæр ма уыцы ран лæууыд. Рынчынау сахаты ысгарынц, Лæгъстæ ’мæ табутæ кæнгæ, Фæлæ цы сахъат у — нæ арынц, Æмæ та сахаты — сæрфгæ, 13
Сæрдгæ ’мæ уигъгæ, кæд йæ куысты Нæуæг фæцалх уаид, мыййаг... Æппæт бинонтæ ууыл сысты, Æндæр сын нал уыдис хъуыддаг... Дæс хатты къулыл ивд æрцыди, Фынддæс барсты æрцыд йæ цавд... Фæлæ уæддæр куы нæма цыди, Куы нæ йын базыдтой йæ хъавд,— Уæд Сахат уаты къулæй райстой,— Мæсты куыннæ кодтой, куыннæ! — Æмæ дын æй тæбæгъы састау Нывзылдтой сарайы къуыммæ... Фæлæ куы сæмбæлд Сахат зæххыл, Куы йæ1 ныууыгъдæуыдис фаг, Уæд ногæй разылди йæ цæлхыг, Фыццагау райдьщта зыланг. Ис не ’хсæн сахатæн æмбæлттæ, Лæгъз ныхас сын нæ вæййы фаг. Кæд сæ нæ ныууигъай сæ тæрттæй,— Уæд никуы сивдзысты сæ уаг. Зондамонæг Уасæг хиппæлой кæм нæ у! Иу бон Хъазмæ донмæ каст — Уæдæ-ма фæкæс: мæнæйуый Æмæ райдыдта хъæрахст.
Хъазы алыхуызты фауы: — Æй, хæппуд маргъ, гъей, тентекк! Иунæг дæр уæ нæу æгъдауыл,— Акæс-ма, нæ зоны ленк... Уæдæ-ма фæкæс: мæнæйуый Доны фестдзæни кæсаг!.. Истæй тыххæй уа, æнæуи, Уасæгмæ ныхæстæ—фаг... Æмæ радзырдта кæронмæ Хъазæн ленк кæныны ’гъдау, Стæй куы ’рхызт йæхæдæг донмæ, Гъе уæд дс,настæу 1#>1ххауд. Ис ма Уасæгæн æмбæлттæ, Зондамонынмæ—цæттæ... Се ’взаг фыр дзырдæй—тæппæлттæ, Къухтыл иу тæппал дæр нæ. Рувас-хосгæнæг Иу фæсвæд хъæуы, дам, фосæн Рувас дохтырæй ныллæууыд. Рувæстæ цы зонынц хосæп, Уый та ма кæй зæрдыл лæууыд! Кусы — бон-æхсæв нæ хынцы, Куысты бахус и фыр мæтæй, Фæлæ фыс, гъе сæгъ фæрынчын, Уæд нæ ирвæзынц мæлæтæй. 15
Иу бон фермæйы гæс—Бирæгъ Дохтырмæ æркодта иу сæгъ. Сæгъæй, мæгуырæг, цы рысти! Фæлæ йыл йæ гæс ыстыхсти: — Дохтыр! Батадтæн сæ разы!.. Куыст ма гъа, фæлæ сæ азым... Сæрдар мæ хæссы зылынмæ: Фосы, дам, æртардтай былмæ... Курын, ма мæ схон зылынджын,— Фен, мæ сæгъ цæмæй фæрынчын? — Хорз! Æз дæ, ме ’рдхорд, æмбарын... Дохтыр райдыдта ысгарын... Ле знаг дæр фæуæд нæ сæгъау Рувас й ’алы фæрсты зилы, Куы йæ сыздухы уæрдæхау, Куы йæ иннæрдæм æрзилы... Зæххыл ацæвы йæ зæнгтæ, Сæгъы хъуыры арф ныккæсы... — Фехгæдтой,— зæгъы,— йæ тъæнгтæ,— Иннæрдæм дзы рухс нæ кæсы. Дарддæр фæтк куыд домы, афтæ Иумæрахастой уынаффæ... — Сæгъæн нæй фæстæмæ скъæрæн, Рынчыны хос у къæртт кæнын,— Загътой Бирæгъ æмæ Рувас. (Хъуыддаг конд цыдис йæ тæвдыл) Рынчыны æрбырстой иуварс, Æмæ райдыдтой æргæвдын... Колхозы сæрдармæ хауы Абон ме ’мбисонд бæлвырдæй: Ма уадз колхозы рæгъауы Фосæн хосгæнæг лæгсырдæй.
Арс æмæ хилæг Бæрнон бынат æрцахста Арс... Сæрмагонд кабинеты хъармы Цы уыд фæрсмæ, дæргъмæ йæ ас,— Ныннæрсти, нал цыди йæ цармы. Йæ цæстæй ма тыххæй уыдта, Æмбæлттæй нал æрвæссыд иуыл, Кæй ном, кæй зæрдæ ма зыдта, Йæхи зæрдæ та бамбæхст фиуы. Зынгæ фæуæзбындæр йæ куыст, Цыдæр фæци йæ къæрцхъусдзинад: Нæдæр æм галиудзинад хъуыст, Нæдæр — рæстдзинад. Уæле дзы агурынц гæххæтт: — Куыд у бынæттон куысты хъæд? Бынæттон куыстуæттæй дæр—домæн: — Цы нын уынаффæ кæныс сомæн?.. Арс — иуырдæм: нæ цæуы куыст, Арс—иннæрдæм: бынтон æлгъыстаг... Æмæ цæй бæрц тыхджындæр тыхст, Æвзæрдæр кодта уыйас хъуыддаг. Фыр тæссæй дын фæцыд йæ хуыз... Йæ хибар кабинеты хъармы Кæмæй ма райстаид æххуыс? Æмæ йæ цæст æрхаста Калмыл... Нæ дывзагон нæ уыд æвыд, Фыхтис мæстæй, æнцад нæ лæууыд... «Кæмдæр дын чидæр та, бæлвырд, Дæ къæдзилыл ныллæууыд?..» 17
— Нæ хицау! Байхъус мæм ныхасмæ... Дæуæн мæ рæстдзинад зæгъон! Фæлæ йæ дзырд нæ хъуысти Арсмæ, Арс кодта хинымæр тæрхон: «Зыд æмæ кæлæнæй—æххæст, Цы хуынкъ, цы зыхъхъыртыл нæ хилы... Кæйдæр хъæнтæ ’мæ фаутыл зилы, Йæхи та йын нæ уыны цæст... Мæхицæн дзы зæгъоы «хæлар», Уадз хъуыддæгтыл мæ бæсты зилæд!..» Æмæ йæ кабиыеты дуар Æнæхойгæйæ кодта хилæг. Йæ кæнонтæм та бавдæлд Арс, Фæхæст та разамынды рохтыл... Æрæвæрдта æгъдæуттæ карз Æмæ та ногæй систа богътæ. Уæлæмæ—дзуапп, дæлæмæ—бардзырд... Æууæнкджын нал уыдис бæстыл! Æмæ бæрцæй аз дæр нæ рацыд, Фæлæ ма чи баззад куысты?! Нæу абон Калмы тыххæй дзырд,— Зынынц йæ сау хъулæттæ рагæй... Фæлæ ис Арсы хуызæн гуырд Фыддæр нæ кæлмыты мыггагæй. 18
Мæнъис æмæ Экскаватор Кæддæр æмбисондæн кæй хастой,— Зæронд, фыдæлтыккон Мæцъис Уæд иу бон арæзтадмæ ’рхастой, Куысты, дам, уый хуызæн кæм ис?! Æмæ куыд нæ! Ыссыгъди артау Æнæнцой кусæджы зæрдæ... Хъæд æмæ дур фæсвæд кæм ардта, Гъе уым сыл ранцади нæтгæ, Фыр тухæнтæй кæлгæ ’мæ хаугæ, Ыстæй куыстæфхæрдæй æрбадт... Уæд дын æм Экскаватор хъавгæ Фæдзырдта: «Ма хъыгдар, баба!» Æмæ цы дур, цы хъæдтыл нæтыд, Сæдæ мæцъисы фаг цы уыд, Æнцад-æнцойæ сыл ысхæцыд, Æмæ сæ гуыпп кæмдæр фæцыд... Æндæр ысбуц уаид, йæ бæсты Æгайтма машиыæ фæзынд, Фæлæ зæронд Мæцъис ысмæсты Æмæ цæйдæр хъæстытыл зылд. Кæмдæр ыскъахта Архимеды, Фыдæлты стауыныл фæцис... Фæлæ... йæ тых æмæ йæ фендæй Кæуыл ма бафтыдтаид дис?!.. Йæ хъуыддаг хъастæй дæр куы не сси, Уæд бамбæрста: фæцис йæ рад... Йæхицæн бацагуырдта пенси Æмæ йæ хæдзары ысбадт. 19
Рувасы фæндон Æрцахстой цъæх Бирæгъы давгæ... Кæм вæййы сырдтæм та закъон, Фæлæ, æгъдаумæ гæсгæ, хъавгæ, Сæ ахстæн рахастой тæрхон: — У Бирæгъ маринаг, æмбарæм, Цæуы йыл фысты ’рдыгæй хъаст, Æмæ йæ се скъæтмæ ныппарæм,— Уадз райсой тугдзыхæй сæ маст! — Бæстондæр хъуыддагмæ æркæсæм! — Сæрджын Саг карз тæрхон куырдта,— Нæ цуры адæммæ нæ кæсæм... Гыццыл сæ бафæзмæм уæд та!.. — Æз дæр гъе уый зæгъын,— фæцырд и Кæцæйдæр Рувас, райста дзырд,— Æрæджы иу хъæуы цы ’рцыди, Гъе уый уын радзурон бæлвырд... Зыдбег уыд фермæгæс—зыдтат æй — Æргæвста бирæгътæй фылдæр Æмæ фæхауд йæ хъарм бынатæй... Хæры ныр кæркдоны фыддæр... Фæсыкк и Саг. Цы ма уыд дзурæн?... Æмæ йæм чи ’рхæсдзæни фау?! Кæд мах нæ давджыты нæ сурæм, Уæд сырдтæн чи скæндзæн æгъдау?
Домбай цъысымы Зындгонд у, Домбæйттæн хуыцауæй Лæвæрд и бартæ æмæ тых, Цæмæй паддзахиуæг кæной Æмæ кæмдæриддæр цæрой, Уым сырдтæй рæстыты рæвдауой, Зылынтæн бакъуырой сæ ных... Уæд, зæгъы, иу тар хъæды Домбай Кæд разынд хивæнд æмæ зыд. Йæ куыст ыскодта иууыл цоппай, Цæлагур тугдзыхтимæ зылд. Кæм уыдта бирæгъты æргæвдгæ, Уым уыд йæхæдæг дæр æргæвдæг. Кæм уыдта бур рувæсты давгæ, Уым цыд тыхгæнæг æмæ давæг. Хуыцау дзы ферох, чи йæ радта... Куыдзау йæ цæсгом алкæм тардта, Гæдыйау сусæгхор фæцалх. Æмæ та иу хатт тынг куы сзиллæг Цæлагурæг нæ «хорз» паддзах, Уæд цуанонты цъысымы смидæг... — Куыд уæндут! — систа богътæ, хъæр, Загъд самадта æцæг паддзахау, Фæлæ куы бамбæрста, кæй бахауд, Уæд банцадис, æркъул йæ сæр, Æмæ уæнтæхъилæй лæууыд... Хæдæфсарм Домбæйттæм кæд уыд? Фæлæ кæд цуаны Сæ фæдыл райдыдтой цæуын,— Уæд сты сæ раны. 21
Гæды домбайы хуызы Фæцарди Домбай кад-нымадæй Æнæнцой куыст æмæ хæсты. Йæ мæлæт не ’ссардта æгадæй: Нæ бафтыд йе знæгты цæсты. Фæлæ ма чи цы кæны мардæй,— Дзæгъæлæй хъæдрæбын лæууыд... Фæкаст æм хиндзыд Гæди дардæй, Ыстæй йæм багæпп кодта цырд: Йæ ныхтæй дын æй систа тонын, Æмбойны скъобор кодта загъд. Куы йæ «æвоæр тæппуд»-æй тоны, Куы та йæ рахоны мæнгард. Куы дын æй радаргъ кæкы уырыл, Куы та йæ слæууын кæны хъен. Мысты йас нал зыны йæ быны, Цы фæци — ацу ’мæ йæ фен!.. Йæхицæй бур Гæды фæбуц и: Йæ митæн—кад, йæ дзырдæн—аргъ... Цы уыд—æгасæй дæр ныппуси, Йæхицæй сарæзта паддзах. Æрхæцыд разамынды рохтыл, Кæд уыйас тæссаг дæр нæ уыд, Уæддæр дын сырдтыл систа «богътæ», Æмæ ма уыдæттыл лæууыд?! Сæрæй, паддзахы хуызы рацыд, Гæды у—ферох дзы кæмдæр... Рæстмæ йын ничи загъта «ацитт», Фыдмитæм баздæхти æгæр...
Фæлæ мæнгдзинадæн æмбæхстæй Цæрын нæ бантысти уæддæр... Æрцыд фыддуг. Хъуыд сидын хæстмæ, Хъуыдис паддзахы барджын хъæр. Фæсидти сырдтæм: — Цомут тохмæ! — Сты немæ зæдтæ ’мæ хуыцау!.. Фæлæ кæм хъуыд домбайы богътæ, Уым хъуыст мæллæг гæдыйы мйау... Æлгъæдæй мард Кæмдæр, дам, Рувас фыры фæдыл бафтыд, Йæ фæхсынæй йын нал иста йæ цæст: Кæд ын æрхауид — сырды зæрдæ кафыд — Мæлæты дьшджыр дæр ныннæрст! Æрзæбул и йæ фæстаг къæхтыл зæхмæ, Лæсы уырттуыртгæнгæ уæззау... Æххормаг сырды нал хæссынц йæ къæхтæ, Фæлæ цы бакæна, бецау?! Ызнæт фыримæ тох кæнын куыд уæнда, Æрхъæцмæ та куы нал хъæцы бынтон. Уд домы, фæлæ не ’ххæссы йæ дæндаг, Фыдæнхъæлæй йыл баизæр ис бон... Сырд раздæхти йæ мондæгтæ ныхъуыргæ... Цæмæй зыдта, йæ худинаджы ми Кæй федта Халон бæласыл йæ къуыртмæ... Фæрсы йæ: «Цæй, дæ нард фæхсын кæм и?»
Фæцарæхст сырд: «Дзидзайæ нæй фæлмæцæн... Йæ нардæй та æлгъæд кæнын, куыддæр... Йæ уындæй дæр, кæс-ма, мæ зæрДæ схæццæ... Æгайтма дзы нæ бахордтон уæддæр!..» Æлгъæдæй Рувас нард фæхсыныл худт,— Цы зæрдæйæ — уый хорз зыдта йæ уд. Иу къухы æнгуылдзтæ Уæд та дын, зæгъы, иу къухы æнгъуылдзтæ Фæбустæ сты, сæ мыды къæм ныххауд. Ысхуыдта Кæстæр иннæты цæыкуылтæ, Кæй кой дзы скæна, се ’ппæт дæр ын— цауд... — Мæ лымæн! Хорз у алчидæр йæхицæн, Тымбыл къух та у бинонтау æмбырд. Фыдгул тæссæй нæ иу фендæй дæр риздзæн,— Æнæном æнгуылдз баппæрста йæ дзырд,— Фыдæй нын баззад, куыст фæллой цæдисæй, Нæ алчи дæр нæ иу къухыл æрзад... Нæ иуы цæв—нæ алкæмæн дæр рисдзæн, Уæд ма хыл циу, кæй ма нæ бахъуыд загъд? — Цы стут, уæдæмæ, уе ’ппæт дæр мæ разы!
Æнзæ мæн уæ фæцæгъдиккой рæстæй,— Йæхи цур Хистæр иу сыбыртт кæй уадзы... Æмæ фæтоны Астæуккаг мæстæй. — Фæлæуут-ма! Дæумæ дзурын, нæ Хистæр! Зæроцд-зæронд куыд рæдийыс ды та? Мæн разæй та куыд радавыс дæхи сæр,— Бæрнон хъæлæсæй Амонæн дзырдта,— Мæ ном мæ уæлæ... Адæмы тæрхонмæ Фæзминагæн кæй раст амынд хæссынц?! Бæлвырд у: загъд нæ фæуыдзæни соммæ, Кæд иууылдæр «æз хуыздæр дæн» зæгъынц. Дыууæ гæххæтты сыфы Дыууæ гæххæтты сыфы. Иу дзы—фыст, Æнæфыст—иннг\ Кæмдæр та архивы куь: еæмбæлдысты иумæ, Уæд Фыстыл Æнæфыст ыстыхст Æмæ йын уайдзæфгæнгæ загъта: — Цæуыл фæцис, бецау, дæ царды рад! Кæмдæр дыл иу чидæр йæ сагъæстæ ныууагъта Æмæ дын уæгъды аскъуыдта дæ цард. — Æнæмæт у! — фæкодта Фыст гæххæтт,— 25
Мæнæн мæ амонд у æгъгъæд!.. — Уæууай! Кæд де скæнæг хуыцау Дæуæн æнæбары хæсау Мыггагмæ ахæм хъысмæт радта! — Æнæфыст сыф тæмæнтæ калдта, Цыдис йæ рог зынæрвæссон къæр-къæр: — Мæ цардамоцд уыдзæн æндæр... Мæныл йæ фæд ныууадздзæн гени, Цæмæй нæ Абонæн йæ номхæссæн фæуонГ — Тæхуды ’мæ дын уый куы фенин! — Уыдис йæ сыхаджы фæндон. Цæуыл фæцис сæ дыууæйы быцæу, Уый сусæг нæу. Æз бауадтæн нæ архивмæ кæддæр Æмæ дзы федтон дыууæ сыфы дæр. Уыд зæрондыл Къостайы къухæй фыст Æмбисонд «Ахуыр», Нæуæг сыфыл та тугтæ ’мæ æлгъыст: Къостайыл хахуыр. Æнæууæнк Фæуагъта фыййау йе ’хсыры къус нæууыл^ Стæй йе ’мбалмæ кæрдзын курæг фæцыд. Йæ зæрдыл сихор бахæрын æрлæууыд, Фæлæ фæстæмсэ афоныл нæ зынд, Æмæ йæ къусы маргджын калм ныббырыд. Фæзæгъынц, хилджытæ кæнынц æхсырыл зыд, Æмæ дзы банызта, стæй алæсти йæ быны... Фыдбылызæн æнæ ’рцæугæ нæ уыд. 26
Æрбаздæхт фыййау уалынмæ йæ къусмæ, Ыстæвд, мæгуырæг, фæцдагыл, ысхид. Зыдæй кæны хъæбæр кæрдзынæй рустæ... Фæлæ куы ’руагъта къусы цур йæхи, Уæд дын йæ куыдз—кæм уыдзæн ахæм диссаг? — Æхсыры къусыл адæлгом æваст. Хæрын æмæ йæ сдæрын систа,— Йæ хицауæй дæр ма кæм тарст! Куыннæ сфыхти стонг фыййау фыр мæстæй, Æрбаскъæфта дын топп æмæ... кæсы: Йæ куыдз хъæрзы йæ удисгæ фæлдæхтæй, Йæ къусы раз та маргджын калм хуыссы... Æз ме ’мбисондæн радтон ном «Æнæууæнк», Цæмæй уыл ма ’рцæуа нæ фыййауы рæдыд: Лæг хъуамæ хата йе знаджы бæлвырд, Йæ хорзгæнæджы та æнæмæнг. Хъаст Гæдыйæн баззади мыст ахсын, Куыдз хъуамæ хъахъхъæна йæ кæрт. Бæх, Галы хæс: уæзæгтæ ласын, Афоныл Уасæгæн ныууасын, Æхсыр та бур Хъугæн йæ мæт. Куы ’мбарой бинонтæ кæрæдзи, Мыдыкъус фесты уæд къæбиц, Фæлæ сæ зонд нывыл нæ фæци,— Уæд ма гэлгъыстагдæр кæм ис?! 27
Цы ’взæр зæгъæн уыд Галæй, Бæхæй? Кæрт йедзаг хорæй, х’осæй. Суг Лæууыди сарайы рæдзæгъдтæй, Сæ Уасæг уасыд боныцъæхæй, Æхсыр æрвылбон хаста Хъуг. Æрмæстдæр Куыдз, æрмæстдæр Гæды Кæрæдзи ’ввонгхорæй тыдтой, Æмзондæй кусын сæ нæ фæндыд, Фæлæ сæ кæрæдзи фыдгой... — Цæй куыст у уый! — загъд кодта Гæды,— Фæрсылæй хуысс æрвылбон кæрты... — Уæдæ! Кæуылты у дæ куыстаг? Бецау! Куыннæ курыс æххуыс та! Æдзух мысты къæдзилмæ хъуыз,— Фæстæмæ йæм кйæпп кодта Куыдз. Хыл, загъдæн нал уыди кæрон... Фæстагмæ рахастой тæрхон: — Æгъгъæд фæуæд дзæгъæл ныхасæн! Цæмæй нæ мачи уа æфхæрд,— Уадз Куыдз æдзух мыстытæ ахсæд, Гæды та хъа’хъхъæнæд нæ кæрт! Цы ’рцыди—уайтагъддæр ысбæрæг, Фæлæ ма чи кодтаид хъаст? Уыд хæдзар хъæуастæу æдзæрæг, Сæ къæбиц—хаст.
Дзагъырдзаст тæрхъустæ Тæрхъус тæппуд у. Цъус сыбыртт æм Уæларвы нæрыыау кæсы. Тæссæй фæфæдис вæййы сырдтæм Æмæ сæм дам-думтæ хæссы... Уæд та дын иу бон хъæды ’рдузы Ныхас кæнынц дыууæ тæрхъу’сы: — Нæ фехъуыстай? — фæрсы сæ иу,— Дæдæй! цы заман ныл ныккодта!.. Мæн та дзы чи фæрсы, æниу, Фæлæ дæдæйаг уæд йæ къоппа, Нæ Арс-паддзахы, дам, фæтардтой Æмæ нын Домбай-паддзах радтой... — Мæ игæр ын айхæла, уастæн, Йæхи хуызæн кæм уыди Арсæн!? — Дæ Арсæй дæр дзæгъæлы ма ’ппæл,— Дзырдта йын иннæ тæрхъус дзуаппæн,— Кæнæ цы хуыздæр уыдзæн Домбай? Цæй ног рацарæзт æй хъæуы?! Фыр тыхстæй, зæгъы, систа цоппай, Æдаух йæ фæстæгтыл лæууы. — Æдыхст дзы у, æдыхст, мæн тыххæй,— Ыскъæфынц дзырд кæрæдзи дзыхæй,— Мæнæн уый рагæй дæр бæлвырд у... ^Йæ фисынтыл та йын фæкастæн. Сырдр^æ æркæс æмæ цы сырд у,— Йæ митæ никуы вæййынц растдæр... — Зылын у уый дæр та? — Зылын! — Уæдæ йæ хъуыддæгтæ дæр афтæ... 29<
æ æ Мæ хъуыды бамбарын нæу зын. Цæуæм мах рацарæзты арфдæр, Нæ тохы чи разынд æнæныфс,— Йæхицæй ничи уыдзæн цауддæр, Фæлæ куы байхъусай сæ фаутæм — Дзагъырцæст тæрхъусæй цы кæныс?! Судзин æмæ æндах Цыллæ ’ндах рахаста йæ хъаст Хæдзары дзаумæтты ныхасмæ: — Цæмæн дæн искæй фæдыл баст, Циу Судзин, фенут-ма, мæ фарсмæ? Кæм нæ фендæуыдзæн мæ куыст? Кæд не сбуц кодта-иу мæ бахуыд, Кæнæ чындздзон чызджы фæлыст, Гъе усгур лæппуйы бухархуд?! Сæрæй, ыскъобор кодта хыл, Фæсырдта Судзины йæ хъæрæй... Цы нæ йæ рахуыдта зæххыл?! Цы нæ йын акалдта æвзæрæй... Цæвиттон, Судзин нал бæззыд... Цыллæ ’ндах нал цыдис йæ фæндыл, ...Фæлæ та йæм куыддæр фæзынд, Уæд та дын алæсти йæ фæдыл. 30
æ & Æз федтон иу бинонты уаг,— Кæрæдзийæн ныхас нæ барстой. Чысыл ницы дæр сын—дзырддаг... Æмæ сæ ’мбисоидæн æрхастон. Гогызы амонд — Мæ лымæн, уый дæ фындз куы ’руагътай! — Уæрцц иу бон нæл Гогызæн загъта,— Дæ кафынæн æхсæв уа, бон Æппын куы нæ зыдтай кæрон!.. — Ды ма мæ хъæлдзæг маргъæй зоныс,— Мæстæлгъæдæй фæкодта Гогыз... — Æмæ дыл уыйас фыд цы ’рцыд? — Ус ракуырдтон... — Кæй уагæр? — Хъазы! Кæмдæр мын хин цыдæр ныччынд... — Мæ лымæн, хахуыртæ нæ уарзын... Цы кæны Хъаз? — Нæ кæсы коммæ: Æз — фæзмæ, уый та, налат, донмæ, Йæ фæдыл — æз, уый — доны арфдæр... Æмæ æрвылбон иууыл афтæ. — Бæргæ рæдыд нæу Хъазы ракуырд — Æмбисондæн куы баззад хъазхъуыр... Фæлæ уæддæр, зæгъьгн, дæ удæн Æгъгъæд уыд Гогызы бæдул дæр... — Ды мæн æндæр кæмæйдæр хоныс! — Сæрыстырæй фæкодта Гогыз,— ЗГ
Нæ, уый мæн аккаг хъуыддаг нæу!.. — Мæ лымæн! Бамбæрстон, фæлæуу... Кæд афтæ у.— фæкодта Уæрцц, Уæд д ’амонд — конд, æмæ йыл хæц! æ Кæм зоны ахæм Гогыз амонд,— Фæлæ йын ацу æмæ амон! Ирон зæрдæхудт Чи зоны, куыд уыд, цы хуызы, Фæлæ иу æхсæв тыхгæнæг Бирæгъ [уæтæрмæ æрхъуызыд Æмæ бахауд уым йæхæдæг... Бады Куыдз цæхгæр йæ размæ, Тутдзыхы дæр ма цы бон ис!? Дзуры: «Уазæгхор, ныууадз-ма, Хицоны уæддæр нæ зоныс?!» — Ды кæмдæр рæдийыс, «хицон»,— Куыдз дын æм фæстæмæ сдзырдта,— Давæг сайынмæ æмхиц у. Фæлæ, цыма, нал фæцыдтæ... Бирæгъ хиуæттæй цы кодта, «Хицон» бирæгъыл кæм бады? Фæлæ йыл фыдбон куы ’ркодта, Уæд та Куыдзы бын дæр атылд... Сидзæрхуыз, æхфæрд, ыссæстæй Дардыл райдыдта ныхæстæ: — Баууæнд мыл! Бæлвырд у рагæй, А цыппæркъахыгтæй махæй Тугхæстæгдæр нæй мыггагæй... Баст ыстæм нæ туджы ’ртахæй: 32
Де ’рвад Силæмы зыдтаис, Уый хæрæфырт та Сылынк уыд... Бакодта Сылынк ам кайыс, Æмæ йын Къуыбырхъус райгуырд... Кæс, æз та — уæ цардхæрæфырт, Иу — Къуыбырхъусæн йæ фырттæй... Мадæрвад мæ зæрдыл ’рæфтыд Æмæ уæм хуынДы æрцыдтæн... Куыдзæн афæлмæн йæ зæрдæ... Иу туг, иу ыстæг æвзæрæн Чи цыдис йæ зæрдæхудты? Æ}мæ дзаг фосы уæтæртæй Райсом баззади гæффуттæй. Давæджы æвзаг уæрдæх у, Тасы алырдæм дæр фаг, Фæлæ зон, ирон зæрдæхудт У нæ тæссагдæр ызнаг. Хабосы къалостæ Йæхион домы рæстæг, цард... Фæзæронд ис, мæгуыр, Хабос дæр. Йæ зачъе урс-урсид æрзад, Ныскъуыдтæ сты йæ хорз къалостæ. Фæлæ уæддæр сæрдæй-зымæгæй Хабос — йæ къалосты æдзух... Æрбады ныхасы тызмæгæй Æмæ сыл асæрфы йæ къух. Ирон зæрдæхудт 33
Нæуæг сын аивы сæ бостæ, Æрвылбон къалосты — рæхсгæ, — Баба, ыскæн нæуæг къалостæ! — Йæ фырттæ райдайынц лæгъстæ. — Ыæуæг та уе ’гъдæуттæ, уæ митæ, Сты ахæмтæ, зæгъы, ыстæм... Хабос зæронд къалосты мидæг, Æвæццæгæн, цæудзæн мæрдтæм. ж Хабос иу нæу! Дæсгай Хабостæ Фыдæлты закъонтыл хæцынц. Æмпъузынц сæ, кæнынц %сын хостæ... Æмæ цыма зæронд къалосты Рыгкалгæ не ’хсæнмæ цæуынц... Хахуырхæссæг Фæрынчын хъæды фидауц Бæрз... Уæззау æрхаудысты йæ зæнгтыл Тæфæрфæсгæнæгау йæ цæнгтæ, Цæрынæи нал уыдис фæрæз... — Æз де уазæг! — дзынæзта хурмæ,— Рынчынгæс хуры цæст лæууыд. Æрдз сыстад й’ алывæрсты худгæ, Уæддæр ын фервæзæн нæ уыд. Фæлæ дын кæс: æмбойны — дохтыр... Нæ Хъæдхой—хосгæыæг фæзынд, Мæлæтимæ уый бацыд тохы, Лæмбынæг рынчыныл æрзылд... 34
Куы Бæрзмæ хъусынтыл ысхæцы: Кæм бамбæхст саск, кæм уадзы къуыртт? Куы йын йæ зыхъхъырты ныккæсы,, Куы та йыл ралæууы къуртт-къуыртт. Йæ рынчыны хъæдгæмттæ сгары: Цы ран ис низ, кæм у хъыгдард? Æмæ дзы низ, рынæй цы ары, Гъе уыдон бакæны бындзагъд. Бæрз фервæзт. Дохтыр та куыннæ уыд Дзæбæх хæрзиуæджы аккаг?! Фæлæ йыл Хахуырхæссæг сагъуыд,— Фыдгæнæг бахаста æвзаг... Хæрамы цæст, зæгъынц, уынаг у, Фыдгулæн рацæйхауд йæ гагуы... Цы хонынц раст адæм æнтыст,— Уый галиумæ æрцыди фыст... Æмæ кæд бæласæй нæ Хъæдхой Нæ федта мисхал дæр лæггад, Уæддæр æй рахуыдтой гæртамхор,— Хæрзгæнæг ахæстоны сбадт... æ Мæ таурæгъ бауырнинаг нæу. Рæстаг лæгæн цы кæндзæн хахуыр? Фæлæ дыл,— о байтаман! — сахуыр,— Уæд ацу уый ныхмæ фæлæуу! 35
Гакк-гукк - лекцикæсæг Уыд Гакк-гукк мадæлты æмбырдмæ Хуынд уазæг: мæргътæн лекци каст. Цъырдта къафеттау й’ алы дзырд дæр, Куы-иу дзы нал хъуысти сыбыртт дæр, Куы та-иу райдыдта цъæхахст... — Мад у нæ ныййарæг! — фæдзæхста,— Мад хъуамæ не ’хсæн уа нымад!.. Уæлдай бæрзонд та сты йæ хæстæ,— Мад у лæггад кæнынæй мад! Æмæ дын амонынмæ баздæхт. Æмбæла, нæ—уæддæр фырдзырд: Куыд хъæуы ахстон бийын уалдзæг, Æмæ куыд уадзын хъæуы къуыртт... Бæргæ, Дзывылдары кой нал хъуыд, Фæлæ æнæ зæгъгæ дæр ц’ и, Дзæбæх ын ацагъта йæ пакъуы, Æмæ йæ лекци каст фæци. Хъæд сæнкъуыст къухæмдзæгъдæй иууыл. Зæххыл ма уый хуызæн кæм уыд?! Нæ лектор фервæссыд йæхиуыл, Ысхъæл, сæрбæрзондæй лæууыд... Ыстæй та уæд йæхи æнхъæлæй Дзывылдары къуыртмæ фæраст... Кæмдæр та аппæрста дзæгъæл айк Æмæ та ногæй лекци каст... 36
Бирæгътьг кæнон Кæмдæр та цъæх бирæгъты бал Æрцахста фыййауæн йæ далыс. Уыдысты бирæгътæ цыппар, Æмæ фæйнæрдыгæй æвналынц: Сæ иу æм разæрдæм фæцырд, Уæд дыккаг — иннæрдæм, фæстæмæ. Æртыккаг мидæмæ хæцы, Цыппæрæм айвазы æддæмæ. Фыр зыдæй самадтой хъæрахст,, Хъазуат йæ тæккæ тынгмæ бацыд... Цæмæндæр фыййаумæ фæкаст, Цьгма дзы иу Бирæгъ йæ фарс уыд... Æмæ сæ хæдзармæ куы ’рцыд, Уæд хабар радзырдта йæ фыдæн: — Баба, сæ иу дзы ме ’вварс уыд, Кæд далыс ивæзта мæнырдæм... Фыд бахудт: «Сырдты ’гъдау æмбар! Æнæбары хæстæ сын фидæм... Кæм сиу уа цъæх бирæгъты бал,— Уым алчидæр хæцы йæхирдæм!» Уæгъды нæу фыййауы рæдыд: Æрæджы иу куыстуатæй иууыл Хъæр æмæ сау æрдиаг цыд. Æнхъæлдтой, куыстыл у сæ дзырд!... Фæлæ куы равзæрстой бæлвырд,— Тыхсти дзы алчидæр... йæхиуыл. 37
Гæртамхор Кæмдæр та колхозы кæркдоны Барбосы сæвæрдтой кæркгæс^ Куыдз хъахъхъæдта æхсæвæй-бонæй Æмæ нæ рох кодта йæ хæс... Къæрцхъус, фæкъæппæзвонг æддæмæ, Нæ зыдта иу минут æрцъынд... Уæд дын æм иу тар æхсæв кæртмæ Кæцæйдæр Бур рувас фæзынд: — Мæ лымæн! Рувæстæй дын арфæ! Дæуæй æрдхорддæр мын кæм уыд! Куыдз хæпп нæма сфæрæзта, афтæ Йæ размæ сины стæг æртылд. Цыбæл у куыдз ыстæгмæ рагæй, Дæтты йын Рувас дæр «æгъдау»: Æппары куыдзæн армы дзагæй,— Кæм ма уыд уый хуызæн рæдау! Кæцæй сæм касти Халон: — Багъæц! — Фæдзырдта Рувасмæ,— сæрхъæн! Æппын куыннæ зоныс фæстауæрц,— Дæхи, дæхи сæры кой кæн! — Æз ,'дæр Барбосы мæт вде кæнын,— Стæг куыдз асайынæн у! Кæд ын йæ куыдзы хъуыр ныхгæнон,— Уæд кæркдон иууылдæр мæн у! Дæсныдæр ма цы вæййы дзуаппæн?! Æз зонын: ахæм гæстæ и,— Гæртамæн сын ыстæг дæр баппар, Стæй фæллой иууылдæр—дæхи.
Рувасы къæдзил Кæмдæр, дам, хицауы хæдивæг Æрвылбон сырддон уынæг цыд, Æмæ-иу алы бон дæр иунæг Гæды Рувасы цур лæууыд. Йæхи-иу фыр фæсмонæй мардта: — Тæхуды Рувасы къæдзил... Фæцъыллинг-иу æй кæн æмæ та Дæ хицауы фæрсты æрзил. Æфхæра дæ — йæ разы атул, Хыл дæм кæна — лæгъстæ йын кæн, Дæ къæдзил-иу йæ къæхтыл атух Æмæ йыл баузæл фæлмæн... — Мæ лымæн! — загъта Рувас хинæй,— Æз хатын дæу: къæдзил дын нæй, Фæлæ, цыма, æнæ къæдзилæй Æвзæрдæр н ’арæхсыс мæнæй?! Æхсæнадон уасæг — Дæ фæндаг раст, сыхаг! Кæцæй? КæдæгÆ та згъорыс? Цы хур, цы къæвда дæ хæссы? Цы кусыс уадиссаг, Дæ кæрт куынæуал зоныс? — Дзыгъуыр Карк Уасæджы фæрсы.— Кæсын дæм, алыбон Бæрзонд дæ къоппа сисыс,— Дари, сызгъæринæй фæлыст,— 39
Ныууасыс хъæугæрон, Æмæ сыхи-сых зилыс, Фæвæййы хъæуы бын дæ куыст... Бæлвырд, дæхионтæн Дæхи сæ дарæг хоньгс, Хъæрахет кæныс æхсæв уа, боц,— Фæлæ дæ бинонтæн Сæ райхъал бон нæ зоныс, Æхсæв сæ бафынæй — бынтон... Мæ сыхаг дæ мæнæн... Хъæуы чысыл æфсæрмы! Дæ цард цæмæн кæныс дзырддаг! — Хъуыддæгты дæн, лымæн! Дзæвгар куыст ис мæ бæрны — Дзыллон, æхсæнадон хъуыддаг... — О, фехъуыстам дæ кой! Цыдæр гомхъуыртыл зилыс... Нæмыг уын никуы вæййы уæрст... Фæлæ кæм ис, Гоппой, Ныр ма дæ хорз æфсины Дæ фарсмæ никуы федта цæст... Цы сусæг æй кæныс... Мæ хорз -бæдул-æмгæрттæй Æмкъайæн уый равзæрстай ды... — Йæ кой дæр ма кæныс!( Кæм ма йæ ’вдæлы кæртæй?! Куы цъиутимæ, куы та — къуыртты. æ # Æрмæст мæргътыл нæй хæс: Дæ бинонтимæ арæхс, Сæ тыхсты макуы у къуырма...
Фæлæ дзæбæх æркаес,— Уæд не ’хсæн дæр ма арæх Ис ахæм «уасджытæ» нырма. Хæцаг куыдз Фæсмон æрцыди Къобола лæдзæгмæ, Æгæр æфхæрдта Сау куыдзы нырмæ... — Мæ рагон сыхаг,— дзуры йæм,— рæстæгмæ Уæд фидыд не ’хсæн. Байхъус мæм дзырдмæ... Дæ фæхъхъау уæд мæ зæронд сæр, цы боны Ды ма мæ къухæй баййафай æфхæрд. Мæ уд дыл риссы—иунæг. хуыцау зоны — Фæлæ ды дæр дæ митæн зæгъ æгъгъæд... Куыдз не ’ууæндыди: Лæдзæджы æвзыстæй Цæрæнбонты куыннæ уыдаид тарст? Цы нæ дзы федта цæф æмæ рæхуыстæй, Фæлæ уæддæр нынныхъуырдта йæ маст... Хæстæг дын æм æвæлмас хуызæй бацыд, Æрлæууыди: кæд исты ног зæгъид... Фæлæ уæгъды уыд дыууæйы ’хсæн бадзырд, > Бынтон дзæгъæлы ирхæфстой сæхи... Фыдзонд у Куыдз, кæдмæ кастаид афтæ?..- Æнæуи дæр фæкъæппæввонг лæууыд. Йæхи та уайтагъд Лæдзæгыл ныццавта, Æнцонтæй ма йын баиргъæвæн уыд?!.. 41
Æрбайсæфт уайтагъд Лæдзæгæн йæ сомы> Æмбойны знагæй чи кæны хæстæг?! Фыдæлты ’мбисонд басæттын нæ комы: Куыдзæн хъæуы кæддæриддæр Лæдзæг. Хæлуарæг æмæ хъæдхой Кæд бæллиццаг у дæ зоыд,— Гъе уæд уал дæхицæн зон! Хæлуарæг йæ тыны сæрæй’ Иу бон Хъæдхоймæ дзырдта: — Нал и ’нцой дæ гуыпп, дæ хъæрæй, Исты ку ’аразис уæд та... Цас хæдзæрттæ хъæуы цъиуæн,— Фæлæ дын, мæ хорз хæлар, А цал-а уал азы иу ран Никуыма федтон хæдзар... Хъæдхой дын йæ хост фæуагъта. Рафыхт уайтагъддæр йæ маст, Æмæ Хæлуарæгæн загъта: — Раст дзурыс, мæ лымæн, раст... Бузыыг! Де ’рхъуыды нæ фауын... Амонæджы цæст дзæбæх Алцыдæр уыны æгъдауыл,— Æмæ ма мын уый дæр зæгъ: Уафыс ды æрвылбон тын, Хорз кæныс, цæуыннæ, уаф æй,— Фæлæ дæ цæмæн; уыньга Æз æдузх æнæ хæлафæй?!
Хæдуарæг фæсыкк æваст, Дзырд — нæ, фат дзы, цыма, ахызт... Хъæдхой дæр ма йæм кæм каст!... Æмæ та йæ къупп-къупп райхъуыст. Хабосы мæлæт Æмбисондæн нæ хъæуы баззад Хабос — нæ фермæйы хицау — Æхсæвæй-бонмæ дæр нæ рацард,— Фæзиан бонырдæм, бецау... Цыдысты хъæубæстæ мæрддзыгой: Фæндараст зианæн зæгъой. Æрмæст цы кодта, уый нæ зыдтой, Кæй фæндыд ракæнын фыдгой?... Куьщ зæгъой, нозтæй уыд йæ адзал,— Кæд чи уыд мардмæ та мæсты! Хабос æнæмаст лæгæй рацард, Куыд бафта адæмы цæсты?! Æмæ ма цалынмæ ’уæдæуыл Хуыссыд йæ сау ингæны раз,> Йæ уæлхъус хистæр лæг æрлæууыд, Æд сыкъа райдщдта ныхас: — Хабос, фæцардтæ кадæй-радæй, Мæлын дын чи уыди æнхъæл... Æфсис нæ зыдтай куыст, лæггадæй, Хæрд æмæ нозтыл та — гуыххæл... Ныр рухсаг у! Дзæнæты бад! Дæ сæрвæлтау мæлæт æз курын... Хабосыл карз арахъхъ куы ’ркалд,— Уæд райгас и... Æркуырдта дурын... Йæ къух та дзаг сыкъамæ систа, Фæлæ куы фехъуыста æваст Цæстмæхъус дзурæджы ныхас,— Уæд та йæ уд нæуæгæй систа. 43
Хабосы «расыггæнаг» рахъæр,- Æмæ йын чи скодтацд хос... Фæлæ цæмæй амард Хабос — Цæстмæмитæй æви арахъхъæй? Куырм уыг Кæддæр Амыраны лæгæтмæ* Кæм у титан йæ фидар цæнгтæй Къæдзæхмæ ’ндон рæхыстæй баст,— Æхсæвдзу Уыг куыддæртæй батахт, Æмæ сæ-дыууæйы ’хсæн уайтагъд Æмсæртау бацайдагъ ныхас. — Цы фидыс уадиссаг фыддзинад?— Амыраны æрфарста Уыг. — Æз уарзтон а зæххыл рæстдзинад... Хуыцæуттæн раскъæфтон сæ зынг, Æрхастон рухс у^еларвæй ардæм... — Æмæ кæй бахъуыди дæ рухс? — Нæ уадзы уыг йæ дзырдæппарæн... — 0, уый бæрзонд нысан у цардæн! Зæххон лæг уый мысы æдзух, Уым æз глæ рухс бæллицтæ арын!.. — Æз цуан кæнын æрмæст мæйдары, Мæнæн æхсæвы рухс дæр—фаг... У-у! Дæлимонты байзæддаг! — Титан нырриуыгъта йæ рæхыс, Цыма ныртæккæ ’рцыди баст, Йæ маст та ног йæ риуы рахсыст, Уæззау ыыхъхъæрзыдта æваст. Йæ хъæрæй дымгæ афтæ сыстад, Цыма сæ рæзты ’рцыди зæй, Йæ футтæй Уыджы къуымты систа, Æмæ фæсур, мæгуыр, тæссæй...
Ыстæй куы сфæраэзта æрчъицын, Уæд загъта; «Цард — удæн, æрра, Фæдзæхст у зæхх,цæмæй йæхиця&н Дзæбæх, æнæ хъинц æмæ хъистæй Æнцад йæ хъарм къæбæр хæра... Хуыцæуттæн та куыд кæна уисæн Æмæ сæ макуы дара хъыг...» Цы зоны царды рухс бæллицæн Æмæ бæрзонд нысæнттæн уыг?! Тулæг дур Уæд иу бон куыстуаты хицауæн Йæ хæдивæг æргом ,дзырдта: — Нæ хъуыддаг нал цæуы æгъдауыл, Мæнмæ куы байхъусис уæд та... — Дæумæ! Æмæ ды та кæцы дæ? Кæм фидар атыдтай? Дæ’ном? — Дæ хæдивæг... Дæумæ æрцыдтæн, Цæмæй та дын цæхгæр зæгъон: Лæгтау кæрæдзимæ нæ хъусæм, Кæмдæр дæ ферох и дæ хæс... Кæнæ ды хъуамæ ’гъдауыл кусай, Кæнæ дæ бæсты кусон æз! — Куыд уæндыс! — Хицау дын ыссыгъди... Ыæ сæтты хæдивæг уæддæр: Æз — цьт? Ды — хицæутты номхыгъды.., Кæм уай — дæ къæлæтджын цæттæ! Нæ хицау банцади йæ хъæрæй. Фæрсæгау йе ’мбалмæ ныккаст... Кæмдæр та ног бынат æнхъæлæй Æрсабыр, атади йæ маст... 45
Ыстæй йæ хæдивæджы цуры Табу, лæгъстæ хуызæй æрбадт: — Зæгъ-ма, цы фехъуыстай? Цы дзурынц? Кæм та мын равзæрстой бынат? Нартхор æмæ ичъи Кæмдæр та, хуымы, Нартхоры дæлбазыр Æвастæй разад хæмпæлгæрдæг Ичъи. Йæ фысым æм дзæгъæл кæсæг нæ уадзы, Æмæ цæры, уæлдай фæрсæг æй ничи. Фыдгæнæгæн зындгонд—йæ уаг: Æвдæрзы зæххы сойæ фаг... — Нæ лымæн, уый кæй равзæрстай сыхагæн? Рæдыд дын у ызнагимæ æмдзæхдон, Фыдбылыз барæй ракъахдзынæ, ма кæн! — Уæд [Нартхорæн йæ сыхæгтæ фæдзæхстой. Фæлæ уый инцæрдæм ныффæрск, Æмæ йæм ацу фаутæ хæсс! Æдылы, дам, йæхицæн дæр ызнаг у, Дзæбæх ныхас, рæстамынд дзы нæ хизы. Тыххæй-амалæй иу удæн цы фаг, у, Цыди уый дихгонд Ичъиимæ ’мбисыл. Æмæ куы ’ртавта карзæй хур, Уæд Нартхор донцухæй ныббур, Уæлæмæ, мæгуыр, ауæдзæй дæр нал зынд. Æмæ — æнæбары уыдаид, барæй — Йæ рæзты къæпи рувгæйæ куы разылд,— Уæд дыууæйы дæр акъуырдта бындзарæй. Фыдгулæн чи лæууы цæдисон, Цæудзæн ыл Нартхоры æмбисонд.
Дыууæ куыдзы Силæм мæстæлгъæдæй сæ кæрты цур хуыссыд: Кæмæдæр балæбурдта сырд,, Æмæ сæумæрайсом уыд хъæугæрон фæдисы... Йæ фындз æрыстыхсти, йæ син фæцæф и, риссы, Æгасæй—тугæйдзаг, æууылд... Уæд дын æм иу афон йæ сыхаг куыдз Къæдзилæг Тыхсгæ ’мæ узæлгæ ’фæуад. Фæрсы йæ аивæй, йæ алывæрсты сзиллæг: — Цымæ дæ чи скæны хылтæ ’мæ тохтыл зилæг? Дæ куыдзы бынаты куыннæ бадыс æнцад! — Æнцад та уанцон нæу! Дæхи нæ зоныс, ау! Нæ сых дæ рæйынæй куы райдыдтой фæлмæцын, Уæд ма кæм æрхæсдзынæ фау?! — Дæ бонæй уай, Силæм! Рæйгæ кæнын, фæлæ нæ )хæцын... Ыстæй мæхæдæг дæр цæфтæ нæ дæн дæуау,— Къæдзилæг радта дзуапп, ыстæй фæзылд цæхгæр, Æмæ та фæсхъæу райхъуысти йæ хъæр... 47
æ & Ис ахæмтæ: фæдисмæ сиддзæн, нал лæудзæы æрхъæцмæ, Фæлæ хъуыддаджы онг æрхæццæ;— Уæд арф нымбæхсдзæнис кæмдæр; Сæрыетыр обау Фæкасти Обау лæгъз быдырмæ бирæ. Йæхицæй дын хуымæтæджы ныхъхъал! — Кæм ис, зæгъы, мæн хуызæн бæрзонд, Мрмæ,, Мæ конд, мæ уьщдæн а зæххыл æмбал?! Растмæ дзурæг куы уаиккой нæ адæм,— Сæ рухс дзуæрттæн мæ равзариккой бадæн... Бæлвырд, нæ Обау фервæссыд йæхиуыл, Фæлæ ма хъуыста хæхты кой кæмдæр, Æмæ дын систа загъд-замана, хъæр... Йæхи дын уайтагъд андзæрста Хъæриуыл: — Уынут æй уæртæ, раст цыма уæ фыны, Сæрдæй, зымæгæй урс мигъты бынмæ, Фæлæ йæ къул сæр уырдыгæй мæнмæ Нымæтхуды йас дæр нæ зыны! æ Мæгуыр Обау нæ хатыдта бæстон,— Хъæриумæ уый кæй нæ зыны бынтон.
Цъыдын æмæ уисой Уæд иу бон Цъылын Уисойы фæрсы: — Цымæ дæ хицæуттæ цы ’нхъæлынц? Кæм:кусай, алкæм дыл тыхсынц, Цы нæ уай, уымæй дæ æппæлынц... Бæлвырд дæ хъуыддæгтæм æркæс,— -Уæд’дын æппæлын аккаг не сты. Уынгта* ныммæрзын у дæ хæс, Æмæ дын быроны бын фесты... Уæддæр дæм уый нæ кæсы фаг„. Тас у, дæ куыстæй дæ куы сиоой. — Куыст иу у, арæхсын — дыккаг,— Дзуапп радта мидбылхудгæ Уисой. — Куыд «арæхсын»? Цы кæрт, цы фæзыл Æрхæссын æз бæстон мæ къух, Нанайæн хуртуанæн фæбæззы... Ды та рыгкалгæ сисыс дугъ, Тæрсыс, дæ мард уæнгтæ куы сриссой... — Цæй æрра дæ! — фæкодта Уисой,— Дæ хуызæттæн амнал и ’мбал, Кæд ма сæ исчи ’рхæсса хъæдæй... Нæ хицæуттæн æрмæст рыг кал... Кæцы дæ фæрсы куысты хъæдæй?! Æз иу бон ахæм «дзæнгæда» æрцахстон, Мæ зæрдæ дурау уазалæй лæууыд. Æмæ æмбисоид Уисойыл æрхастон,— Фæлæ мæ ныхас адæймагыл уыд. 49
Зыдгæнæг уæрцц Кæмдæр, дам, иу колхозы мусыл Фæцахуыр Уæрцц, Хæры æмæ кæм лæууы цъусыл, Кæм зоны бæрц?! Бынаты нал бады, ыссуцца Фыр зыдæй Уæрцц, Æрмæстдæр байдзаг уæд йæ гуцъа — Йæ уд, йæ дзæцц. Фæдзурынц хъаигæ гæсы хъусы: — Фæлæуу хæбæцц! Цыма кæуылдæрты дæ мусмæ Ныхилы Уæрцц! Гæс мусыл хъавгæ цæст æрхæссы... Мæнгард у Уæрцц, Æмæ та ахъуызы, нымбæхсы,— Цу, марадз, хæц! Фæлæ дын иу бон мусы къуымæй Фæцыди къæрцц, Уым бадти къæппæджы æрхуымæй Дæдæйаг Уадрцц. Хæрæджы хъустæ Хæрæг у хивæндæй хæрæг, Дызæрдыггаг куы уа йæ куысты,— Уæддæр йæ уындæй у бæрæг: Хæрæгыл комдзæуæг — йæ хъустæ. ...Кæм фесгуыхт, чи зоны бæлвырд, Фæлæ, дам, иу хъусджын цъæх Хæрæг Кæйдæрты зæрдæмæ фæцыд:1 Ыскодтой дзы рæгъау ыскъæрæг...
— И-гъо! И-гъо! Кæсут мæнмæ! — Хъæр сисы фосыл, домы карзæй... Æмæ дын айнæджы сæрмæ Фæтæры ’гас рæгъау йæ разæй... Зындгонд у хивæндон æппæтæй: Йæ ныхмæ чидæриддæр цыд,— Сæ иуты цавта-иу зæвæтæй, Дæндагæй иннæтыл хæцыд. Дæ фыдгул уый ахæсты уæд! Кæм лæууыд хорз амынд зæгъынмæ?! Цъæх Хæрæг атардта йæ фæнд, Æмæ æртардта рæгъау былмæ. Сæрсæфæн айнæджы уæлхъус Кæй ма æндæвтаид йæ хъус?! Æмæ фыдæлгъыстау нæ Хæрæг Æд рæгъау комрæбын ныххæрæгъ. æ *# Мæ хъуыды уын зæгъон æххæст: Кæд хицау йе ’ппæт цард, йæ куысты Æдзух йæхи фæндыл у хæст,— Уæд-иу ын бакæсут йæ хъустæм... Цыллæуафæг æмæ рæмпæг Кæддæр фæлмас Цыллæуафæгмæ Сæнтуай Рæмпæг æрхаста хъаст... Куы равдæлд фысымы æрæгмæ, Уæд Рæмпæгæн ысфыхт йæ маст: 51
— Цыкусыс уадиссаг æхсызгон,— Кæй>мæт дæ бацыди, сæтой?! — Æлвисын цыллæ ’ндах æрвылбон... Фæллойы базыдтон æнцой... — Фæллойы? — афарста йæ Рæмпæг, Фæллойы?! — æмæ та дын ныххудт,— Мæнæн цæст нал хæцы. мæ гæппыл, Фыр куыстæй рафтыди мæ уд... Ды цалынмæ дæ иу къах сисыс,— Фæвæййын æз мæ хæстыл зылд: Хъуымæцты чырынмæ ныххизын, Ыслæсын иннæрдыгæй цырд... Фæлæ уæддæр æнцой нæ арын, Рæстмæ дын чи скæндзæн мæ кой... Кæд æз мæ удæй къæртт æппарын, Уæд ма цы фæхуыины фæллой?! Дзырдта йын Ц’ыллæуафæг: — Сæрд Зынг хур — зæрин тынты къуыбылой — Куы схизы судзгæ арвыл, уæд Дæуау æз аууæттæм нæ хизын, Æнтæф бон мын нæ вæййы даргъ... Æз хуры хъарм тынтимæ ’лвисын Сызгъæрин цыллæйы æндах,— Цæмæй дзы кусæг,лæг дари тын Йæ тæрхыл бауафа рæсугъд... Цæуа нæ фæсивæд дариты,— Гъе уый тыххæй хæрын мæ уд... Фæлæ йæм хъæстгæнæг кæм хъуыста? Кæд кодта кусæг уды кой? Чысыл нæ бахордта йæхæдæг Уый Цыллæуафæджы фæллой... 62
æ æ Æз Рæмпæджы хуызæн лæг зонын, Æввонгæй искæй куыстæй цард, Фæлæ ныр хицауадæй домы Йæхицæн хорз ном æмæ кад. Хур æмæ мæй Иу мæйрухс æхсæв та арвыл Стъалытæн æппæлыд Мæй: — Дуне иууылдæр æз тавын, Арвыл иу мæ хуызæн нæй! Боброн дæр мæ цæстмæ хъазы, Марс мæнæй фæкуры тын. Хур йæхæдæг циу мæ разы! Зæххы дæр æз хъарм кæнын... Æз нæ дæн — зæххыл цы уаид? Рох, æдзард къæдзæхтæ, дур... Чи зоны ма, цас дзырдтаид? — Фæлæ арвыл ракаст Хур. Фæлмæнзæрдæ уыг Дзагъырцæст Уыгмæ цы уæнды? Иу йæ фенд дæр у тæссаг. Дар дæ уаг æмбæхст дæ зæрды,— Никуы йæм уæндид ызнаг...
Иу бон Уыджы цур æруагъта Иу мæнгард Цъиусур йæхи. — 0 мæ зæронд лымæн, — загъта,— Махмæ де ’мсæр маргъ кæм и?! Ма мæ схон цæстмæхъус, макуы, Цуроц дзырд — мæ цæсты сындз. Мæргъты ’хсæн дæ фæлмæн пакъуы Алкæм диссагæн хæссынц. Гъе æрмæст дæ тызмæг бакаст Зæрдæ бакъуыры мæнæн... — Мæ тæрс, ма! Мæ зæрды ахаст У мæ пакъуыйау фæлмæн,— Загъта Уыг. Æнхъæл кæм уыди Æмæ йыл æрцæудзæн сайд... Цъиусуры ма ’ндæр цы хъуыди?! Уайтагъд Уыджы пакъуы скалд... Ахæм æмбисæндтæ арæх Раст лæгмæ лæууынц æнгом. Знагæн де ’ууæнк ныхас ма зæгъ, У æрдхордимæ æргом. 34
Ж Ш «1ШИ1»1«Ж1 Ж Сæргæндтæ Саг Автор Гæрæм уыры æмæ æхсæрæг Дурæй-дурдæр Хъæдын цырагъ Хуыснæджы фæд Хабос Къулы сахат Зондамонæг Рувас—хосгæнæг Арс æмæ хилæг Мæцъис æмæ Экскаватор Рувасы фæндон "Домбай цъысымы Гæды домбайы хуызы Æлгъæдæй мард Иу къухы æнгуылдзтæ Дыууæ гæххæтты сыфы Æнæууæнк Хъаст Дзагъырдзаст тæрхъустæ Судзин æмæ æндах Гогызы амонд Ирон зæрдæхудт Хабосы къалостæ Хахуырхæссæг Гакк-гукк — лекцикæсæг Бирæгъты кæнон
Гæртамхор .... Рувасы къæдзил . Æхсæнадон уасæг . Хæцаг куыдз . Хæлуарæг æмæ хъæдхой Хабосы мæлæт . Куырм уыг . . Тулæг дур . Нартхор æмæ ичъи « Дыууæ куыдзы Сæрыстыр обау Цъылын æмæ уисой Зыдгæнæг уæрдц Хæрæджы хъустæ Цыллæуафæг æмæ рæмпæг . Хур æмæ мæй .... Фæлмæнзæрдæ уыг 38 . 39 — 41 42 43 44 45 46 47 48 49 50 — 51 53 —
Литераглрно лудожсстьснпос плданис Сьо/^л.ир За/арович Еагаев ОСЕТИНСКАЯ ОБИДА Стихи на осетинском яоьисе Редактор Л. Е. Валиев Художник Ю. 3. К о ч и е в а Художественный редактор В. А. Биджслов Технический редактор В. Б. Г а в р и н а Корректор Е. А. И к а е в а ИБ № 2180 Сдано в нябор 11.06 91 Подппслно к печати 25.12.91. Формат бумаги 70х100!/з2- Бум* тнп- № 2- ГаРн "фифта школьная Печать высокая. Усл. п. л. 2,26 Усл. кр.-оп 2,57. Учетно нзд лисюв 2,18. Тираж 10\)0 экз. Заказ № 246. ссэ 97. Ичдательство «ИР» Госудпрстненного комитет Сеперо-Осетипской ССР по делам издательств полиграфин и книжной торювли, 362040, г. Вла- дикавказ, проспект Мира; 25. Республиканская книжная типогрнфня им. В. Л Гассиева Государсг- ненного комшета ОперО’Осетппскоп ССР по делам издательств, по- лиграфни и мтнжной торговли, 302011. г Владиканк.и, ул Тельманя, 16