Text
                    Отсканировано
2 августа 2013 года
специально для эл. библиотеки
паблика «Бєрзєфцєг»
(«Крестовый перевал»).
Скангонд єрцыд
2013 азы 2 августы
сєрмагондєй паблик «Бєрзєфцєг»-ы
чиныгдонєн.
http://vk.com/barzafcag


Harai Ирысгввы ч«ягуыты рауагъдад Врджмик и д з е «1963
С (осет.) С42 Ацы чиныджы ємбырдгонд єрцыдысты, «нарты хин, нарты фыдбылыз» Сырдоны тыххєй ирон адєм- мє цы кадджытє ис, стєй архайєг кєм у, уыдон, ємє сыл куыстгонд єрцыд сывєллєттєн кєсынєн. Сырдоны обрєз у вазыгджын, уый арєх ракєны нартєн бирє фыдбылызтє, стєй та сє йєхєдєг фервєзын кєны, ємє гъе уый мидєг ис йє хицєн- дзинад, уымєй єндєрхуызои у эпосы иннє ге- рой гєй. Нарты кадджыты зындгонд геройтєй иу — Сыр- доны — тыххєй хицєн чиныг уагъд цєуы фыццаг хатт. СКАЗЫ О СЫРДОНЕ на осетинском языке Северо-Осетииское книжное издательство Орджоникидзе * 1933
СЫРДОН КУЫД РАЙГУЫРДИ арты зєронд Уєрхєгєн уыди дыуує фыр- ты —/схсар ємє Єхсєртєг.Єхсар райгуырди, Бон- вєрнон нєма ссыди арвыл, афтє фыццаг кєркуасєн- ты. Єхсєртєг райгуырди дыккаг кєркуасєнты. Рухс хуры тынтє фєзындысты, ємє Уєрхєг фыццаг хатт бамбєрста хъєбулы ад. Уайтагъд рєзынмє фесты зєронд Уєрхєджы фырттє, Єхсар ємє Єхсєртєг. Бон сыл уылынг єф- тыд, єхсєв уыдисн. Сє хъару куыд рєзыди, уымєн та ємбал нє уыди, ємє уайтагъд сє хъєбатырдзина- ды кой айхъуыст. Уыцы заман нарты дыргъдоны уыдис иу фєткъуы бєлас. Задис ыл диссаджы фєткъуы — сызгъєрин — єрмєст адзалы ныхмє ницы фєрєзта, фєлє єнєуи алы низ дєр дзєбєх кодта. Ємє сын ыл чидєр сагъуыд—бон-иу фєткъуы бацєттє, срєгъєд, єхсєв та-иу єй чидєр адавта. Нарт єй радыгєй хъахъхъєд- той, фєлє къєрных єрцахсын никєд никєйы бон бацис. Иу заманы рад єрхаудта Уєрхєджы хєдзармє. Ємє хъєбатыр єфсымєртє Єхсар ємє Єхсєртєг. з
бєлас хъахъхъєнєг ацыдысты. Хъахъхъєнынтє рай- дыдтой дыуує лєппуйы фєткъуы. Иу рєстєджы бє- ласмє єрбатахт єртє єхсинєджы. Куыддєр фєт- къуымє фєцєйєвнєлдтой, афтє сыл Єхсєртєг йє фат суагъта, ємє дзы иуєн йє туджы єртєхтє зєх- мє єркалдысты. Лєппутє єртєхтє єрємбырд код- той, стєй тугфєдыл денджызы былмє бацыдысты ємє федтой: фєд денджызы бынмє ныххызти. — Єз, ме ’фсымєр, денджызы бынмє цєуын, хъуамє не ’знаджы ссарон,— загъта Єхсєртєг.— 1^єд денджыз сырх фынк скєна, уєд фесєфтєн, на- уєд мєм-иу афєдз банхъєлмє кєс,— ємє денджы- зы бынмє йєхи ауагъта. Денджызы бын Єхсєртєг бафтыди Донбеттырты хєдзармє. Кєсы, ємє хєдзары бадынц авд єфсы- мєры ємє дыуує хойы. Уыдон уыдысты тынг єн- къард. Єхсєртєг фєдис кодта: — Хуыцау ує фыдбылызєй бахъахъхъєнєд, фє- лє уєм кєсын, ємє цыдєр єнкъард стут. Єфсымєрты хистєр ын дзуапп радта: — Єртє хойы нын ис, се ’намондєн нарты цєхєрадонмє сагъуыдысты фєткъуы давынмє. Ємє дзы иуы абон боныцъєхтыл Уєрхєджы фырттєЄх- сар ємєЄхсєртєг фєцєф кодтой. Ныр сєйы. — Ау ємє йын хос ницы ис? — бафарста Єх- сєртєг. — Хос та йын куыд нє ис! — дзуапп радта єфсы- мєр.— Йє туджы єртєхтє йын єрємбырд кєн ємє сє хъєдгомыл сєвєр, уєд бєргє фервєзид нє хо Дзерассє. — Ємє йе ’сдзєбєхгєнєгєн цы хорздзинад фє- уиккат? — бафарста та сє Єхсєртєг, — Нє уарзон хойы йын раттиккам, уымєй хуыэ- дєр хорздзинад нєм ницы ис. 4
СЫРАОЙ КУЫД РАЙГУЫРД.
Єхсєртєг туджы єртєхтє систа: — Мєнє йє туджы єртєхтє. Єз дєн Уєрхєджы фырт Єхсєртєг. Єфсымєртє бацин кодтой ємє лєппуйєн загътой: — Нє хо Дзерассєйы нын фервєзын кєн, ємє дын єй хуыцау хєлар фєкєнєд. Єхсєртєг туджы єртєхтє чызджы хъєдгомыл сєвєрдта, ємє Дзерассє адзєбєх. Донбеттыртє сє ныхас нє фєсайдтой, сє хойы раттой Єхсєртєгєн. Сарєзтой сын ємбисонды чындзєхсєв, стєй сє Нарты бєстєм афєндараст кодтой. Єхсєртєг ємє Дзерассє денджызы былмє куы схєццє сты, уєд Єхсары уым не ’сєййєфтой— уый йе ’фсымєры ссыдмє ацыди цуаны, «цон ємє хъєды ацуан кєнон, кєд Єхсєртєджы ссыдмє исты амарин», зєгъгє. Єхсєртєг ємє Дзерассє єрєнцадысты Єхсары мусонджы. Стєй лєппу дзуры: — Ды уал ацы дзєбєх ран абад, єз цон ємє ме ’фсымєры искуы рацагурон. Уалынмє фєзындис Єхсар. Дыуує єфсымєры кєрєдзийы халдих уыдысты. Дзерассє йє йєхи лєг фенхъєлдта ємє йєм йе ’ргом аздєхта. Фєлє Єх- сар йє чындзы базыдта ємє йын єгъдау кодта. Дзе- рассє, лєппуйы ахєм хуызы уынгєйє, смєсты ємє бустєхуызєй бадти. Уыцы хуызы сє єрбаййєфта Єхсєртєг. Фєгуырысхо лєппу йе ’фсымєрыл, сабух- та йє маст, йє зонд ын єрбатар кодта, ємє афтємєй Єхсєртєг Єхсары амардта. Фєлє уайтагъд бам- бєрста, цы стыр рєдыд фєкодта, уый ємє уєд йє царды сєр нал райста — йе ’фсымєры раз йєхи амардта. Фєкуыдта Дзерассє дыуує єнамонд єфсымє- б
рыл, стєй йє цєгатмє ацыд. Царди йє хєдзары Дзе- рассє, стєй бамбєрста, єнхъєлцау кєй у, уый ємє нарты бєстєм ацыд. Бацамыдта йєхи нартєн ємє Єхсєртєджы мєсыджы єрєнцад. Рацыди та рєс- тєг, ємє Дзерассєйєн райгуырди дыуує фаззоны: сє иу — Уырызмєг, се ’ннє — Хємыц. Ємє фєстє- мє йє цєгатмє ацыд. Лєппутє цалынмє єнахъом уыдысты, уєдмє сын нарт сє фыды фыды сєхицєн рєгъаугєс скодтой. Фєлє Уырызмєг ємє Хємыц куы байрєзыдысты, уєд зєронды сє хєдзармє єр- кодтой. Бахъєлдзєг Уєрхєг, йє фыртты мыггаг кєй нє сыскъуыди, уый цинєй ємє йє хуыз скалдта. — Ай нын нырма нє мады фєдардзєн,— загътой лєппутє ємє сфєнд кодтой сє мад Дзерассєйы йє цєгатєй скєнын. Араст єм сты Донбеттыртєм ємє йє фєстємє сєхимє єрхуыдтой. Нартмє куы єрхєццє Дзерассє, уєд дзы лєппуты фыдыфыд Уєрхєг йєхицєн би- нонтє загъта. Цєрынтє байдыдтой бинонтє. Афтємєй иу заман Уырызмєг ємє Хємыц дард балцы ацыдысты. Зє- ронд Уєрхєджы иу бон бафєндыд йє дойны басєт- тын, ємє дзуры Дзерассємє: — Ныууай-ма, мє хур, доны былмє ємє мын дзы йє уазалєй сдав. Хъєрмуст донєй мє дойны нє цєуы. Дзерассє къєртатє айста ємє донмє ацыди. Куыддєр доны былмє ныххєццє, афтє кєсы, ємє дын йє размє лєууы дєтты хицау Гєтєг. Фєны- къуылдта сылгоймагмє йє цєст ємє йын афтє зєгъы: — Ує, мє хуры хай, рєсугъд Дзерассє, куыд урс 7
у дє буар, куыд хєрзконд дє! Баком мын, бацєр мемє. Кєннод дын дон нє ратдзынєн. Фєтарсти Дзерассє ємє єнєдонєй сє хєдзар- мє алыгъд. Дыккаг хатт та ацыдис Дзерассє донмє. Фєлє та Гєтєг йє размє фєци. Нал дзы фєлыгъди ацы хатт Дзерассє ємє йемє баззади. Єрмєст уый фєс- тє Уєрхєджы хєдзармє нал раздєхт, ацыди йє цє- гатмє — Донбеттыртєм. Донбеттыртєм Дзерассєйєн райгуырди лєппу. Ном ыл сєвєрдтой Сырдон, Гєтєджы фырт Сырдон.
СЫРДОН НАРТЫ ЄХСЄН НУЫД ЄРЦАРДИ сывєллоны бонтє Сырдон арвыста йє мади- мє, Донбеттырты бєстєйы. Куы бахъомыл ис, уєд єй Дзерассє нарты єхсєнмє єрвитын райдыдта. Ра- цыдис-иу Сырдон Донбеттырты бєстєйє ємє-иу нарты ныхасы нартимє йєхи ирхєфста. Нарт дис кодтой лєппуйыл ємє сє кєрєдзийєн дзырдтой: — Ацы лєппу цєсгомєй нєхи хуызєн бєргє у, фєлє йєм дєлимонтєй цыдєр хєццє кєны. Стєй нарт Сырдонєн йєхи бафарстой: — Радзур нын, Сырдон: чи дє, цы дє, кєцєй нєм фєзындтє? Сырдон цы загътаид, уый нє зыдта ємє фєстє- мє йє мад Дзерассємє аздєхт. — Нарт мє фєрсынц — чи дєн, цы дєн. Ємє сын цы дзуапп радтон? Дзерассє йын бацамыдта: — Зєгъ сын, єз дєр, зєгъ, сымах хуызєн нартєй дєн. Єрмєст-иу сын ма схъєр кєн, єз дє мад дєн, уый. Куы нє йє базоной, уєд дын нарты хєрєфырт чызджы усєн ратдзынєн. Уазєгуаты мєм ис ємє мєм арєхдєр цу. 9
Сырдон радзырдта нартєн уыцы ныхєстє. Нарт ыл нє баууєндыдысты, сєхицєй тєнтъихєгдєр уыд, ємє йыл худтысты. Сырдон уєддєр нарты ныхасмє цыд ємє сын фыддєрагєн митє кодта. Кєй-иу мєс- ты скодта, кєйты та-иу кєрєдзиуыл сардыдта. Нарт Сырдоны се ’хсєнмє нал уагътой. Ємє уєд зєххы бын хєдзар скодта. Євєдза, сє маст дзы райсынмє хъавынц нарт, зєгъгє, уєд-иу зєххы бын йє хєдза- ры фєаууон. Йє хєдзар та йын зонгє ничи кодта. Иухатт, дын, Сырдон уыди ныхасы. Уыцы афон цуанєй єрбаздєхт Сослан ємє йемєєрбакодта євє- джиау хорз куыдз. Ныхасы бадєг нарт куыдзєй єп- пєлыдысты. Єхсєвы Сослан йє кєрты бабаста куыдзы. Адєм иууылдєр куы бафынєй сты, уєд Сыр- дон Сосланы кєртмє бахъуызыд. Стєй бавдєлд ємє куыдзы адавта. Єркодта йє йє хєдзармє, цыдєр хинтє ємє кєлєнтє йын бадардта. Куыдз хєдзарыл афтє иузєрдион сси, ємє-иу бон кємфєнды дєр куы фєзылди, уєддєр ын єхсєвы хєдзармє єнє єр- цєугє нє уыд. Сосланы бєргє фєндыд куыдзы фєстємє йє хєдзармє єрбакєнын, фєлє ма уый, маразєгъай, ємє лєгмє хєстєг цєуа — уайтагъд дзы-иу дардмє алыгъди. Бамбєрста Сослан, йє куыдз ын Сырдон кєй адавта, уый, фєлє цы бакодтаид — йє хєдзар кєм уыд, уый нєдєр Сослан, нєдєр єндєр исчи зыдта. Ємє йє куыдзы раздахынєн йє бон ни- цы баци. Гъе афтє Сырдон єрцарди нарты єхсєн, йє цє- рєнбынат та йын зонгє ничи кодта.
Шш СЫРДОН УС КУЫД РАКУЫРДТА лєг и Сырдон, бинонты хъуыддаг бакєныны афон ын сси. Ємє йє мад Дзерассєйєн загъта: — Хорз уаид, бинонты мєт куы бакєнин. Ємє йє Дзерассє сахуыр кодта: — Зєрдє дын цы чызгєй євєрдтон, нарты хєрє- фырт, уый абон фєссихор сєхимє цєудзєн. Чыз- джытє йє Дзєхыдоны былмє бахєццє кєндзысты, уый фєстє иунєгєй баззайдзєн, ємє дє лєджы хъєд равдис. Сырдон Дзєхыдоны был єнхъєлмє кєсын рай- дыдта нарты хєрєфыртмє. Уалынмє йє Донбеттыр- ты чызджытє доны былмє єрбахєццє кодтой ємє фєстємє аздєхтысты. Рацыдис нарты хєрєфырты размє Сырдон. Арвы хин, зєххы кєлєн кєм нє уыди Сырдон! Асаста дзыхєй чызджы ємє йє хє- дзармє басайдта. Уый адыл нарты хєрєфырт Сыр- доны хєдзары баззад ємє йє ус сси. Ус Сырдонєн ныййардта фаззєттє—єртє фырты. Арын куы райдыдта сылгоймаг, уєд єй Сырдон сбадын кодта къонайы раз. Ємє йын лєппу куы рай- гуырд, уєд єй Сырдон схуыдта Къонагє. Фєлє арє- п
джы хъиамєттє нє фесты, ємє йє уаед Сырдон сба- дын кодта йє уєрджытыл. Ус та лєппу ныййардта, ємє ууыл та ном сєвєрдта — Уєрагє. Уый фєстє та усєн райгуырди єртыккаг лєппу. Уыцы лєппу куы гуырди, уєд йє дзых бамыр ємє фєцєйхуыдуг кодта. Сырдон ын йє дзых схєлиу кодта ємє дзы «фу» кєнын байдыдта. Уый адыл сывєллон фервєзт, ємє уый та йє фыд Фуагє схуыдта. Афтє Сырдонєн иунєг бонмє райгуырди єртє фаззоны, єртє фырты. Уый фєстє сє мад тынг фє- рынчын ис ємє амард. Сырдонєн йє ныфс нє асаст, цырд фєлєууыд ємє йе ’ртє сабийы хєссын райдыд- та, хєрд цух сє никуы ныууагъта. Гъе афтє ц&рд Сырдон. Нарт єй арвы хин, зєххы кєлєн хуыдтой, уымєн ємє-иу алы зын ранєй дєр єнєфыдбылызєй фервєзт. Уыди дзырдарєхст, йе ’взагєй хєлдта айнєг.къє- дзаех. С2р^ШГзБЩта^лцьг єппєт дєр, цы уыдзєй, уый-иу раздєр^радзырдта, зыдта гуыбынмє гуыри- наджы. Йє ныхыл уыди фарны нысан — нос. Фєлє уыд мєгуыр, цыбыркъух, ємє тыхцєрдтытє дєр уы- мєн кодта. Нє фидыдта нартимє Сырдон. Нє сын барста, ємє-иу єй єдзухдєр асайыныл архайдтой, алы фыд- дзинєдтє йын кодтой. Сырдон йєхєдєг дєр нє ауєрста нартыл, ємє йын фыдбылызєй, хинєй цы кодтой, уыдон-иу арєхдєр сєхи сєрыл єрцыдысты. Ємє нарт дзырдтой: — Сырдонєн хин чи кєны, уый йєхицєн хин кєны. Фєлє-иу кєд Сырдонмє арєх смєсты сты, уєд- дєр єй бирє уарзтой, сє балцы фєндагыл єнє Сыр- дон кєронмє фєндараст никуы кодтой, зиан сын куыд уыд, хос дєр сын афтє уыд. 12
сырдоны оырттє: КЪОНАГЄ, УЄРАГЄ ЄМЄ ОУАГЄ.
СЫРДОН НАРТИМЄ БАЛЦЫ КУЫД АЦЫД є — Уырызмєг, Хємыц, Батрадз ємє сє кєстєртє — сфєнд кодтой дард бєстєм балцы фєцєуын. Бацєттє кодтой сєхи* ра- хастой хєссынєн рог> хєрынєн адджын хєринаг се- мє ємє иу бон араст сты. Рацыдысты сє хъєуєй, ємє хистєртєй чидєр хъєрєй йе ’мбєлттєм дзуры: — Єй-джиди, ныр ма Сырдон дєр немє куы уаид! Хъєлдзєг лєг у ємє нын дард балцы ба- бєззид. Уєд кєстєртєй иу афтє зєгъы: — Ам мєм куы фєлєууиккат, уєд єй єз бєргє ракєнин. — Фєлєудзыстєм,— зєрдє йын бавєрдтой хис- тєртє.— Єцєг-иу фєстиат ма бау. Кєстєр йє бєх хъєуырдєм фєзылдта ємє уай- тагъд Сырдоны хєдзары раз балєууыд. Мидємєхъєр кєны: — Гъей, Сырдон, айддємє-ма мєм ракєс, кєд ує хєдзары дє, уєд! — Мєнє дєн, кєд хонєг дє, уєд,— зєгъгє йєм арты гуыппьшсаот; 14
Сырдон радзырдта. Стєй йєм єддємє рацыд ємє, чи у, уый куы федта, уєд єй афарста: — Бєлццонхуыз куы дє, цы хабар ис? — Нарты хистєртє сє кєстєртимє балцы фє- цєуынц ємє, ды дєр семє куы уаис, уый сє фєнды. Мєн дєр дєм уымєн єрбарвыстой. Сырдон бакатай кодта ємє йє хонєгєн афтє зєгъы: — Ємє куыд ацєуон семє балцы? Уыдон бєх- тыл бадынц, єз та єнє бєх дєн. Хонєг єй дисы бын фєкодта: — Ау, Сырдон, уый та куыд загътай? Мах бєхтє дє бєхтє не ’сты? Иумє исты амал кєндзыстєм нє балцєн — кєм-иу ды — фистєг, мах — бєхджын, кєм бєхджын — мах, ды—фистєг, афтємєйты цєу- дзыстєм. Сырдон балцмондаг уыд, ахєм балцы нартимє никуыма уыди ємє уыцы ныхєстє ємбаргє дєр нє бакодта, афтємєй уайтагъд сразы: — Хорз, хорз, цєуын уєдє єз дєр. Сырдон йє фєччитє єрбатымбыл кодта ємє араст и хонєджы фєстє. Уайтагъд нарты баййєфтой ємє уєд иууылдєр иумє балцы араст сты: нарт — бєхтыл, Сырдон — фистєгєй. Цєуынц, цєуынц нарт, ємє дын иу заман нарты хъалтєй иу йе ’мбєлттєм дзуры: — Уыгєрдєнты цомут, кєд Сырдонєн ног карсг уыгєрдєнты йє къєхты туг акєлид. Ацыдысты донгєрон уыгєрдєнтыл. Сырдонєн йє бєгъєввад къєхты пырх калди карст уыгєрдєнты. Дзєвгар афтє куы фєцыдысты, уєд сєм Сырдои дзуры: — Ує хорзєхєй, нарт, уєд мє бєхыл хєссинаг куы уыдыстут ємє мє куы ничи хєссы. Куынєуал 15
фєразын фистєгєй цєуын, уєд ма мын кєдмє єм- гъуыд кєнут? Дзуапп ын радта Уырызмєг: — Бєх дє кєд хъуыди, уєд єй дє хєдзарєй ра- кодтаис, уый йедтємє дын ам кєйдєр бєстєйы кєм ссарєм бєх. Сырдон смєсты ємє нарты хистєртєн загъта: — Мєнє мєм ує кєстєр єрбацыд хонєг, уый мын бавєрдта бєхєй дєр зєрдє. Фєлє йєм нарт нє байхъуыстой ємє хъазгє сє цыды кой кєнынц, ноджы Сырдоны мєстєй марыныл нє ауєрдынц: чи йын йє худ аскъєфы, чи — йє лє- дзєг, чи та йє цуры бєхыл схъазы. Сырдон мєстєй мєлы ємє йєхинымєр дзуры: «Фєлєуут, нарты хъалтє, мє бар дєр ує бауадз, єз уын ацы мєстєймарєн нє ныббардзынєн». Фєлє та йє бон куы нал уыди цєуын, уєд та бадзырдта нартмє: — Цєй-ма, бєхыл дє хєсдзыстєм, зєгъгє, мын куы загътат, уєд кєд уыдзєн уыцы хъуыддаг? Уєд ын, чи йє рахуыдта, уыцы кєстєр дзуапп радта: — Гєды ныхєстє кєныс, Сырдон. Чи дын загъта, бєхыл дє хєсдзыстєм, зєгъгє? Сырдон йє хонєджы базыдта ємє йын уайдзєф- гєнєгау загъта: — Худинаг дын у, лєппу, афтєтє кєнын. Дєхє- дєг мын куы бавєрдтай зєрдє. — Сайыс, Сырдон. Єз дын афтє куы загътон: «Кєм-иу ды — фистєг, мах — бєхджын, кєм бєх- джын — мах, ды фистєг». Єз кєсын ємє нє балцы хъуыддаг єцєгдєр афтє у: ды фистєг дє, мах—бєх- джын, кєнє та мах—бєхджын, ды та— фистєг. Куыд ныхасгонд уыдыстєм, афтє йє єххєст дєр кєнєм. 16
Уєд бамбєрста Сырдон, сайд ыл кєй єрцыдис, уый ємє йє сєр ныттылдта, єндєр ницуал загъта. Иудзєвгар та куы ауадысты нарт, уєд бахєццє сты иу стыр фурдмє. Сырдон фурды бахизыныл ка- тай кєны. Уєд єм Уырызмєг дзуры: — Хєц, Сырдон, мє бєхы къєдзилыл, єз дє фурды фаллаг былмє бахєццє кєнон. Сырдон Уырызмєджы бєхы къєдзилыл ныххє- цыд, ємє афтємєй бараст сты фурды. Йє тєккє астєумє куы бахєццє сты фурдєн, уєд Уырызмєг Сырдоны фєрсы: — Къухы ныхтє ємє къахы ныхтє кєм фєчын- дєуы, Сырдон? — Кєм сє єрымысай, уым,— дзуапп ын радта Сырдон. Уєд Уырызмєг йє бєх баурєдта ємє радыгай кєнын райдыдта йє къухы ныхтє ємє йє къахы ныхтє. Цалынмє Уырызмєг уыцы куыст кодта, уєд- мє Сырдон та доны уыдис, ємє йє фурды уылєнтє цавтой. Смєсты та Сырдон ємє та йєхинымєр барт- хъирєн кодта: «Кєсут-мєм-иу, ацы хъуыддаг дєр та уын, нарты хъалтє, мєнєй нє ферох уыдзєн, истє- мєй та уын єй бафиддзынєн». Уырызмєг йє къухы ныхтє ємє йє къахы ныхтє конд фєци, йє бєхы єрцєфтє кодта, ємє уайтагъд Сырдонимє доны фале фесты. Ныллємєрста йє хуылыдз дзаумєттє Сырдон ємє та фистєгєй нарты фєстє ацыд. Бирє та фє- цыдысты, бастади бынтондєр Сырдон, йє бон акъах- дзєфгєнын нал уыд, афтє иу обауы цурмє бахєццє сты. Сырдон тыххєй-амєлттєй схызти обаумє ємє нартмє дзуры: — Гъей, хорз нарт, фосармєй ує хуыцау Уарєн фєзмє бауадзєд, єз ардыгєй фєцєуинаг нал дєн, 2 Сырдоны таурєгътє 17
мє бон нал у. Нарты хъєуы уєм нарты чызджытє уєлбылєй куы ракєсой, уєд ує сєртєй банымай- дз^ысты, ємє иу лєг хъадджын куы уат, уєд зєгъ- дзысты, зєгъгє, сє иуы ауєй кодтой ємє йын йє сєрмє фос єртардтой. Уєд Уырызмєг загъта: — Уымєй раст зєгъыс. Цы гєнєн ис, хєссын дє хъєуы. Сбад искєйы фєсарц. — Уєртє Сосланы бєх зєххы фыд дєндагєй хє- ры. Цєй ємє уал Сосланы фєсарц сбадон,— загъта Сырдон ємє єцєг Сосланы фєсарцмє схызт. Цєуынц нарт. Сырдон бавдєлд ємє сусєгєй Сосланєн йє фєсронєй йє арт фелвєста ємє йє бамбєхста, стєй йын йєхимє дзуры: — Дє бєхєн дын тєригъєд кєнын, Сослан, дыу- уєйє йын єгєр уєззау стєм. Уєртє ма Уырызмє- джы Єрфєнмє бакєс — мыр-мыр кєны. Цєй, ныр та уый фєсарц сбадон,— ємє куыд загъта, афтє ба- кодта. Бады Уырызмєджы фєсарц Сырдон ємє та уы- мєн дєр йє арт бамбєхста. Стєй та уымє дєр дзуры: — Бафєллад дє бєх, Уырызмєг, фєлтау єндєр искєйы фєсарц сбадон,— ємє Хємыцы фєсарц абадти. Бамбєхста та уымєн дєр йє арт. Гъе афтє нартєн се ’ппєтєн дєр се ’ртытє бам- бєхста. Изєры иу ран єрфистєг сты нарт. Уайтагъд єна- хуыр уазал скодта. «Уєдє арт скєнєм»,— зєгъгє, кєстєртє сугтє рамбырд кодтой, фєлє арт цємєй скєной, уый сє никємє разынд. Бацыдысты сє хис- тєртєм: — Бахатыр кєнут, не ’ртытє нєхимє нє разын* дысты. Исчи нын ує йє арт авєрєд. 18
• Февнєлдтой хистєртє се ’ртытєм, фєлє цєй арт ємє цєй єндєр! Бакастысты кєрєдзимє, дис- гєнгє. — Лєгыл фєндагыл алцыдєр єрцєуы,— загъта къємдзєстыг нартєн Уырызмєг.— Исты амал нє хъєуы. Дєумє ницы ис, Сырдон? — Цєуылиє! — сбустє кодта Сырдон.— Сымах хъал бєхтыл цыдыстут, .ємє сымахмє ницы ис, фє- лє уын єз фистєгєй мє фєччийы ує фєстє зынгтє куыд нє хастаин! Уєд бынтондєр єрсагъєс кодтой нарт. — Уєдє ма ныр цы бакєнєм? — фарстой кє- рєдзи. Уырызмєг дардмє акаст ємє иу ранєй зынг єрт- тивгє федта. Ємє дзуры Сырдонмє: — Хъус-ма, Сырдон, уєртє рухс уыныс? Єртє хохы астєу. Фєцу-ма уырдєм ємє нын дзы зынг єр- бахєсс. Сырдон ницы зєгъын бафєрєзта ємє, рухс кє- цырдыгєй цыд, уыцырдєм араст и. Єрдєгфєндагмє дєр нє бахєццє, афтє фєстємє раздєхт ємє нар- тєн загъта: — Уым ис иу хєдзар, рухс дєр уырдыгєй цєуы, фєхостон ын йє дуар, фєлє мын нєдєр исчи дзуапп радта, нєдєр мєм дзы исчи кєсгє ракодта. Уєд зынгагурєг ацыд нарты фєсивєдєй иу. Би- рє фєцыд рухсырдєм ємє иузаман єцєгєй иу хє- дзармє бахєццє. Бахоста дуар. Иє хойынмє йєм рауадысты уєйгуытє. Бацин кодтой, нарты кєс- тєры куы федтой, уєд. — Зынггуры мах къєсєрєй не 1здахєм, мидємє нєм рацу,— дзурынц нарты кєстєрмє. Бацыд лєппу хєдзармє. Уєззау бандоныл єй єр~ бадын кодтой уєйгуытє ємє йын йє быны бурємєдз 19
ауагътой. Баныхєсти нарты кєстєр бандоныл ємє йє бон фезмєлын дєр нал уыд. Бирє фенхъєлмє кастысты нарт сє кєстєрмє, фєлє кєстєр зынєг нє уыди. Арвыстой уєд дыкка- джы, фєлє та ууыл дєр фыццаджы ємбисонд єр- цыд. Афтє кєстєртє иугай-иугай ацыдысты, фєлє сє фєстємє ничи цыдис. «Цон, нє кєстєрты ма уєддєр ссарон»,— зєгъгє, Сослан дєр араст и ємє уый дєр нал фєзынд. Нал фєзынд Хємыц дєр. Ємє иунєгєй баззад Уырызмєг. Араст ис уый дєр рухсырдєм ємє, хєдзармє куы бахєццє, уєд бахъєр кодта: — Ей, хєдзары хицєуттє! Исчи-ма ує єддємє ракєсєд! Уєйгуытє уайтагъд йє размє рацыдысты ємє йєм дзурынц: — Чи дє хъєуы? Кєй агурыс? Євєццєгєн, дє кєстєрты? Ма сыл тыхс, тагъд рацєудзысты. Уєд та дєхєдєг дєр рахиз мидємє, кєд дєу дєр хорз фе- нынмє сарєхсиккам. Дє хорзєхєй, ма фєзивєг кє. ЄмєУырызмєг ахъуыды кодта: «Євзєр нєуаид ацы фєллад ємє єххормагєй хи хорз фенын». Бацыд Уырызмєг уєйгуыты хєдзармє ємє уы- ны: нарт, куывды бадєгау, бадынц рєгъєй, фєлє дзы иу дєр йє хистєры размє нє сыстад, єгъдау куыд амоны, афтє. Нє фєцыд уый Уырызмєджы зєрдємє ємє мєстыйє сє уєле єрбадти. Уєйгуытє йын сє фыдбылызы бурємєдз йє быны акодтой ємє уый дєр бандонмє баныхєсти. Бадынц афтє нарт, бадынц цавддуртау,—сє хуыз фєцыди ємє се ’стыр цєстытє єнкъард єнгєс дєт- тынц. Уєйгуытєн се ’стыр аджы дон рафыцынмє хъавы—уырдєм хъуамє цєппарой нарты. Авд уєйы- джы та, амєй ай тыхджындєр, дауынц сє кєрдтє, 20
цыргъ сє кєнынц. Нартєн уыдєттєм кєсгєйє сє удтє єрдуйы хуынчъы ауайыны онг сысты. Сырдон та арт бандзєрста, нарт цы саг амардтой, уымєй физонджытє скодта ємє йєхи хорз федта. Стєй скодта єхсырфємбєлттє ємє дзы фєйнє-фєй- нє йє рихитыл єрцауыгъта. Фйзонджытє куы ныс- салдысты, уєд уый дєр рухсырдєм араст и. Фєцыди- фєцыди ємє уєйгуыты хєдзармє бахєццє. Єрлєу- уыд хєдзары дуармєємє ныхъхъєр кодта: — Гъей, номдзыд нарт, цы фестут? Євєццєгєн та минасєй ує гуыбынтє дзаг кєнут, мєн та тар хъєды иунєгєй ныууагътат. Ємє мє арс кєнє би- рєгъ куы бахордтаид, уєд та? Суанг ма мєм єддє- мє дєр нє кєсут! Йє хъєрмє уєйгуытє рауадысты ємє йєм дзурынц: — Ды дєр нєм рацу мидємє, дє фаг дєр ма суыдзыстєм, сбад де ’фсымєрты фарсмє. Сырдон сыл сдис кодта: — Цытє дзурут! Ау, єз єххуырст уєвгєйє, куыд хъуамє сбадон мє хицєутты раз. Фєлтау мын дзы искємє ардєм бадзурут. Нє йын бакуымдтой уєйгуытє нартєй искємє бадзурын. Цы гєнєн уыд Сырдонєн ємє бараст и хєдзармє. Нарт дєр фехъуыстой Сырдоны хъєлєс ємє ба- цин кодтой, сє зєрдєтє фєфидар сты. Сырдон нарты куы федта бадгє, уєд бамбєрста, дзєгъєлы афтє кєй нє бадынц, уый. Єрлєууыди дуары раз, нарт єй куыд уыной, афтє ємє сє мєс- тєй марынєн йє рихитыл цы єхсырфємбєлттє уыд, уыдон сдєрын райдыдта. Уєйгуытє Сырдонєн лєгъстє кодтой, иннєты фарсмє сбад, зєгъгє, фєлє сын уый кєм куымдта! 21
.... — Куы уын єй загътон, мєнєн уыдоны фарсмє бадєн нєй. Кєд мє бадын кєнут, уєд мын тєсчъы фєнык ныккєнут ємє къуымы сбаддзынєн. Нєхимє дєр афтє фєбадын. Куыд загъта, уєйгуытє йын афтє бакодтой. Чыр- гъєды фєнык ныккодтой, ауагътой дзы бурємєдз. Сырдон ,бадгєйє чыргъєд батылдта ємє бурємє- дзєй фєныкыл ницуал аззад. Сырдон дзєбєх сбадти фєнычы ємє йын уєйгуытє афтє зєгъынц: — Сымах бєстєйы кусєрттаг куы фєагурынц, уєд єй цы миниуєгмє гєсгє равзарынц? Сырдон сын дзуапп радта: — Мах бєстєйы кусєрттаг євзаргєйє фосєн йє бєрзєймє фєкєсынц. Ставд бєрзєй кємєн вєййы, уый нарддєр вєййы. Скувынєн дєр хуыздєр у. Уєйгуытє уыцы ныхєстє куы фехъуыстой, уєд нарты бєрзєйтє уынын райдыдтой. Се ’ппєтєй ставддєр бєрзєй уыди Сосланєн ємє уєйгуытє сфєнд кодтой нарты єргєвдын Сосланєй райдайын. Сырдон сє бамбєрста ємє, уыдон куыддєр Сослан- мє бавналынмє хъавыдысты, афтє йє бынатєй фє- гєпп ласта ємє уєйгуытыл уыциу хъєр фєкодта: — Гъей, фырхєрдєй йєхицєн ном чи кєны, уы- дон! Цы ми кєнут уый? Єви ує ує гуыбыны мєт йедтємє ницы ис?! Уєйгуытє ныддис кодтой — куыд сыстади йє бынатєй сє уазєг. Кєрєдзимє бакастысты, фє- къємдзєстыг сты ємє дзуапп радтой: — Єцєг зєгъыс, мах нє гуыбыны мєт йедтємє ницы ис. Уєдє ма єндєр цы архайєм? — Уыйас єрхъуыды ує бон нєу. Ацы уазджытє уєм цємєн єрбацыдысты, уый нє базыдтат, ницє- мєй, сє бафарстат, афтємєй сє аныхъуырынмє ХТ?авут! 22.
—" Дє хорзєхєй, ды нын єй зєгъ: цємє нєм єр- бацыдысты? Мах дєм хъусєм,— загътой уєйгуытє. — Гъе уєдє хъусут,—дзуры сєм Сырдон.— Нарт сбыцєу сты: куырды дзаумєттєй ахъаззагдєр кєцы у? Ємє уєм мєнє сє зынгєдєр лєгты фєрсынмє єрбарвыстой. Дзуапп сын раттут. Нє фєлєууыд уєйгуытєн сє хистєр: — Єз дын рєстдзинад зєгъдзынєн: куырдадзы ахъаззагдєр дзаума хъєсдарєг у. Дыккаг йє ныхмє фєци: — Куыннє стєй! Куынц ахъаззагдєр у. — Ємє уєд єртдзыскєн ницуал у?! Єртдзы- скєн сє тєккє ахъаззагдєр у куырды дзаумєттєн,— загъта єртыккаг.— Афтид къухєй цы бакєндзынє, бавнал ма зынг єфсєйнагмє! — Уыдон иууылдєр ницы сты,— дзуры цыппє- рєм.— Куырдмє дзєбуг куы нє уа, уєд тєвд єф- сєйнаг дє тымбыл къухєй, миййаг, нє хойдзынє. Дзєбуг у, дзєбуг, ахъаззагдєр! — хъєр кодта уєйыг. Сырдон уыцы уєйыджы фарс фєци: — Ды се ’ппєтєй растдєр зєгъыс.— Стєй йын йє къухы дзєбуг куы федта, уєд єм дзуры: — Кєй нє уырны, дзєбуг цы у, уый, ууыл ма йє авзар. Уєйыджы зєрдємє Сырдоны ныхєстє фєцыдыс- ты. Дзєбуг дард фєхаста ємє дзы йе ’фсымєртєй иуы сєр єрдаудта. Дє фыдгул афтє: ахъен ис уєйыг. Уєд уєйгуытє кєрєдзимє фєлєбурдтой, цєуыл хєст кодтой, уымєй кєрєдзийы цєвыныл нал ауєрстой. йє цєвєн дзаума-иу йє къухтєй кємєн єрхауд, уымєн та йє-иу Сырдон фелвєста ємє йын- иу єй авєрдта, йєхи йын-иу тєригъєдгєнєг акодта: — Куыд фыд-зєрдє у де ’фсымєр, цєй єбуалгъы цєф дын ныккодта! :. 23
Уыцы ардауєн ныхєсты фєстє та-иу хыл ногєй бацайдагъ. Уєйгуытє иу иннєйы фєдыл мардысты. Нарт сулєфыдысты. Стєй фєстаг уєйыг куы єрфєлдєхт, уєд сцин кодтой. Уєд сєм Сырдон дзуры: — Хєрзбон, мє уарзон адєм, єз нєхимє цєуын. Цы-иу радзурон нарты хъєубєстєн? Нарт сєрдиаг кодтой: — Мах — дє мад, дє фыды уазєг! Фервєзын нє кєн, Сырдон! Єрмєст фыдбылыз нын нє дє, хорз- дзинад дєр нын бирє фєвєййыс. Ацы хатт нє хъиа- мєты ма ныууадз. — Омє ує куыд фервєзын кєнон, цємєй уын баххуыс мє бон у?— дзуры сєм Сырдон.— Цон ємє хырх єрбахєссон, ныллыг кєндзынєн бандон ємє ує алчи хъєды лыггагимє баззайдзєн. — Ау, уый та куыд! — сфєдис та кодтой нарт.— Ныронг нымад лєгтє уыдыстєм, ємє ныр нарты єх- сєнмє хъєды лыггєгтє нє фєстєгтєм ныхєстєй бацєуыны бєсты, фєлтау нє фесєфт — хуыздєр. Курєм дє, исты нын єрхъуыды кєн, Сырдон. — Хорз, кєд ує нє фєнды афтє,— дзуры та Сырдон,— уєд цєуын, аст къамбецы єрбатєрдзы- нєн, бандонмє бєттєнтє ссардзынєн ємє йє сыма- химє нартмє нылласдзысты. Скуыдтой нарт, сє рихитыл ставд цєссыгтє ихы къуыбєрттау згъордтой. — Афтє нын куы бакєнай, уєд нарт зєгъдзысты: «Кєс-ма, Сырдон нын нє лєгдєрты сыфцєй хъєдты хуызєн єрбаласта». Нє, фєлтау нє аппар, уадз ємє нє бирєгътє бахєрой. Фємєстєй мардта Сырдон нарты, стєй сєм дзуры: 24
— Єз ує фервєзын кєнин, фєлє та мын мє хорздзинад уайтагъд ферох кєндзыстут. — Єрмєст ма нє ацы хатт фервєзын кє, уый йедтємє дын єдзухдєр дє ныхас єххєст кєндзыс- тєм,— лєгъстє байдыдтой. Сырдон уєддєр нє коммє кєсы: — Сымахыл єууєнк нєй. Иумє куы цєрєм, уєд та мын уаргєйє ницєййаджы муртє дєтдзыстут. Нарт Сырдонєн ард бахордтой, никуы дє фєхъу- лон кєндзыстєм, зєгъгє. — Хорз уєдє,— загъта Сырдон. Агєй исын райдыдта тєвд дон ємє йє нарты бынмє калдта, бурємєдз-иу єрфєлмєн ємє нарт сє бадєнтєй стадысты. Фєлє уый єнцонєй сє къухы не ’фтыд—сє дзидзатєй бандєттыл бирє баз- зад. Ємє сє бєхтыл куы сбадтысты, уєд ныззылын- тє сты. Єрбахєццє сты нарт, цы ран єрлєууыдысты, уырдєм. Кєсынц ємє сє саджы родєй физонджытє цъыс-цъыс кєнынц. Бамбєрстой йє, Сырдон сын се ’ртытє барєй кєй бамбєхста ємє уєйгуытєм дєр уый аххосєй кєй бахаудысты, уый. Ємє та йєм смєсты сты. «Мах та йє фистєгєй фєцєуын кєн- дзыстєм»,— зєгъгє, сфєнд кодтой. Сбадтысты сє бєхтыл ємє йєм дзурынц: — Раййаф нє, Сырдон, мах цєуєм! Ницы сын загъта Сырдон. Стєй нарт куы ацы- дысты, уєд уєйгуыты бєхтєй иу єрцахста, абадт ыл ємє сє уайтагъд баййєфта. Саргъыл бадти раст, єцєг барєджы хуызєн, нартєн та раст бадын сє бон нє уыд. — Гъей, сєрыстыр нарт, фырхъалєй раст бадын дєр куы нал зонут ує бєхтыл! —дзуры рыст нартмє Сырдон. 25
Сє сєртє єруагътой нарт, афтємєй цєуынц. Иу ран єхсєвиуат єркодтой ємє тєрхєттє бай- дыдтой: — Нарты фыдбылыз Сырдон нарты єхсєнмє куы єрыздєха, уєд йєхицєй єппєлдзєн, фервєзын нє кодта, зєгъгє, ємє ныл худдзєн. Исты йын бакєнєм ємє йєхєдєг фєхудинаг уа. Єхсєвы нарт сыстадысты, ралыг кодтой Сырдоны бєхєн йє хємхудтє. Сырдон сє базыдта. Нарт куы бафынєй сты, уєд Сырдон бавдєлд ємє нарты бєх- тєн сє къєдзилтє ралыг кодта, єрмєст ма єфсоны хєст кодтой. Райсомы нарт сє балц дарддєр кодтой. Сырдон дєр сє фєстє арасти. Иу заман Сослан фєстємє фєкаст ємє загъта: — Диссаг, Сырдоны бєх цєуы ємє цєуыл- дєр худы. Сырдон бахудти: — Мє бєх єнєзонд нєу, євєццєгєн, йє разєй исты худинєгтє уыны. Уєд Сослан йе ’мбєлттєм дзуры: — Ацы фыдбылыз та нын цыдєр бакодта. Нарт сє бєхтєй рахызтысты ємє сє сєрфын рай- дыдтой. Бєхы къєдзилыл-иу исчи куы андзєвыди, уєд-иу къєдзил єрхауди. Бакатай кодтой нарт: — Къуда бєхтыл ма адєммє нєхи куыд равдис- дзыстєм. Не ’ппєт бєллєхтє дєр нын Сырдонєй цєуынц. Фєлєбурдтой нарт Сырдонмє, иу тала-бєлас єр- тасын кодтой, уый цъупмє йє йє рихитєй бабастой. Стєй бєлас суагътой ємє йє уый арвмє фехста. Ауыгъдєй лєууы Сырдон ємє хъуыды кєны: «Ацы хатт нал аирвєздзынєн, ме ’сєфт єрцыд». 26
Афтє куы ахъуыды кодта, уєд дын кєсы ємє єл - дары фиййау фос єрбаскъєры ємє єхситтєй зары. Ауыдта Сырдоны ємє йєм хєрдмє дзуры: — Дє хорзєхєй, хорз лєг, уым цы ми кєныс? — Дє фєндаг дар,— дзуапп ын радта Сырдон.— Ам цы ми кєнын, уый дын зєгъ, ємє дє ардєм ба- фєнда. Нє, фєлтау дєхи айс. — Ард дын хєрын, нє бафєнддзєн мєн уырдєм. Єрмєст мын єй зєгъ, уым цы архайыс, уый,— лєгъ- стє кєны фиййау. — Ды, адєймагыл ичъийау чи ныффидар уыдзєн, ахєм лєджы каст кєныс,— дзуры Сырдон.— Ацы бєласєй хорз зыны, уєларв хуыцау хор куыд най кєны, уый. Афтє диссаг у, ємє йєм кєсынєй не ’фсєдын, хєрд ємє нозт дєр мє ферох сты. — Мє уд дє фєхъхъау, хорз лєг, єз хуыцауы никуы федтон, иучысыл мє бауадз скєсын,—балєгъ- стє та кодта фиййау. — Ей, єз дын уымєй тарстєн ємє дє ардєм бафєнддзєн. Ныууадз мє мє бынаты,— йєхи смєс- тыхуыз кодта Сырдон. Нє, нє банцади фиййау йє лєгъстєйє, цєстыфє- ныкъуылды йас, дам, скєсдзынєн єрмєстдєр. — Цєй, куыд дє фєнды, афтє. Єртасын кєн уєдє бєлас,— цыма йє нє фєндыд, уыйау загъта Сырдон. Фиййау єртасын кодта бєлас, Сырдоны райхєлд- та, стєй йєхи бабєттын кодта ємє йє уєд Сырдон суагъта. Уайтагъд цымыдис фиййау бєласы цъуппыл абадт. Кєсы арвмє, фєлє дзы хуыцауы нє уыны. Ємє Сырдонмє хъєр кєны. — Нє йє уынын хуыцауы! Стєй цєстєй дєр хорз нал дєн! Сырдон єм дзуры: 27
— Ницы кєны, мє хур. Иучысыл ма уым куы фєуай, уєд єппындєр ницуал уындзынє. Ныууагъта Сырдон фиййауы, йєхєдєг фосыл рахъєр кодта ємє сє нарты хъєумє єртардта. Нарт Сырдоны уыйас фосимє єгасєй куы федтой, уєд сє дисєн кєрон нал уыд. — Кєсут-ма уыцы фыдбылызмє, сєфгє нє, фє- лє ма фосыконды дєр фєци! Ємє сын Сырдон дєр загъта: — Цы фыдмитє мын фєкодтат, уый тыххєй уыл хуыцау йє бєллєх сєвєрдзєн. Мєнєн та фос радта, адєймагєй йєм мєнєй хєстєгдєр ничи ис. Фєлє єз сымах хуызєн нє дєн, мєнє уын фос ємє сє уе ’хсєн байуарут. Афтє загъта Сырдон ємє сєрыстырєй йє хє- дзармє афардєг.
СЫРДОН СОСШИМЄ КУЫД ФЕ ’ЗНАГИС заман та Сырдон нартєн иу сайєн хъуыд- даг єрхъуыды кодта. Иє фырттєй-иу сє иуы ныхас- мє ракодта ємє-иу єй мысанєн єрєвєрдта. Стєй- иу нартєн загъта: — Фехсут єй ує фєттєй ємє йє кєд амарат, уєд ує ницы бацагурдзынєн, євєццєгєн, йє хъыс- мєт афтє у. Фєлє йє куы нє амарат, уєд мын хє- дзарєн гал раттут. Нартєн афтє зєгъгєйє, Сырдон бавдєлд ємє лєппуйєн йє уд йє хураууон бамбєхста. Нартєй алчидєр йє фатєй лєппуйы фехста. Фєлє, куыннє- стєй! Фєттє йыл кєд уадысты, уєддєр ын ницы код- той, уыцы єгасєй баззади. Сырдон та иуварс бадти ємє нартыл худєгєй марди. Уыдон дис кодтой — ай цы ємбисонд уа, нє фєтты ныхмє куы ницы лєууы- ди, уєд ацы лєппу цєй диссаг у. Фєлє сє дисєй ницы рауад — Сырдонєн сє хєдзарєн гал фидын бахъуыди. Сослан рагєй дєр мєсты уыди Сырдонмє, йє хорз куыдз ын кєй адавта, уый тыххєй. Ємє сфєнд 29
кодта йє маст райсын. Бацыди къулбадєгусмє ємє йє бафарста: — Сырдоны фырты фат цєуылнє хизы? Єви нарт фат єхсын нал зонынц? Сослан нымад лєг уыди нарты єхсєн. Куыннє йын загътаид къулбадєгус рєстдзинад: — Йє уд ын Сырдон хураууон бамбєхсы, лєп- пуйы уд уымєн фидар у. Иє хураууонмє йын-иу хъав ацы хатт. Рацыд Сослан къулбадєгусєй ємє сфєнд кодта Сырдоны фырты амарын. Ракодта та иу бон Сырдон йє фырты ныхасмє нарты астєумє ємє та сєм дзуры: — Фехсут єй ує фєттєй ємє йє кєд амарат, уєд ує ницы бацагурдзынєн, євєццєгєн, йє хъыс- мєт ахєм у. Фєлє йє куы нє амарат, уєд мын хє- дзарєн гал раттут. Нартєн уыцы ныхєстє зєгъгєйє, Сырдон лєп- пуйы мысанєн єрєвєрдта ємє та йын йє уд йє ху- раууон амбєхста. Нарт та фехстой лєппуйыл сє фєттє, фєлє лєп- пу уєддєр сєрєгасєй лєууы. Стєй рацыд йє фати- мє Сослан дєр. Уый размє та Сырдон худти, ємє Сослан єрєджиау куы фєзынд, уєд йє зєрдє фех- сайдта, фєлє ма цы загътаид. Ныхъхъавыд Сослан лєппуйы хураууонмє ємє, дє фыдгул дєр уыйау — афєлдєхта йє. Сырдон ма йєхи бєргє баппєрста йє хъєбулмє, фєлє уый уайтагъд йє уд систа. Иє цыфыддєр знаг сси уєдєй фєстємє Сослан Сырдонєн.
СЫРДОНЫ НАРТЫ ФЄСИВЄД КУЫД АСАЙДТОЙ арты фєсивєд ныхасы бадтысты. Кєцєйдєр сыл єрбафтыди Сырдон дєр. Фєсивєд ын салам радтой ємє йєм дзурынц: — Абад немє, Сырдон, фєсивєдєн дє зондджын ныхєстє ма бахєлєг кєн. Сырдон йєхицєй фєбузныг ємє уыцы сєрысты- рєй се ’хсєн єрбадт. Ныхєстє сын кодта. Иучысыл куы абадтысты, уєд фєсивєд сфєнд кодтой Сырдо- ны асайын. Сє иутє дзурынц: — Оф-оф, абон нє Борєтє ємбисонды хорз фед- той! Сє бєркад, сє бєрєчеттєн ныккєнєн дєр нє уыд. Гъе уыдон уєздан адєм сты, уєздан! Иннєтє дєр, цыма тынг єфсєст уыдысты, уыйау ныуулєфыдысты ємє загътой: — Ємє махєн та Уырызмєг цы уынд фєкодта! Хєрд, нозтєн ныккєнєн дєр нє уыд. Афтє сбуцгєн- гє адєймаг нє уыдзєн. Фєсивєд сє «фысымтєй» афтє єппєлыдысты, афтє сє стыдтой, ємє Сырдон уыдоны бынатмє ба- бєллыд. «Ехх, мєнєй дєр афтє куы зєгъиккой 31
искуы!» — ахъуыды кодта йєхинымєр Сырдон. Стєй йє сєры диссаджы хъуыды фєзынд: «Цєй ємє мє кой дєр айхъуыса, ахонон сє нєхимє, ацы єфсєстєй сыл ницы хардз кєнын бахъєудзєн, афтємєй мєнєй дєр гъе афтє єппєлдзысты». Сфєнд кодта Сырдон ємє йє фєнд єргомєй фєсивєдєн загъта: — Єз дєр ує бирє уарзын, нє сахъ фєсивєд. Сымах сбуц кєнынєн бирє цыдєртє хъєуы, фєлє уєддєр мє мєгуыр хєдзармє дєр саккаг кєнут. Фєсивєд кєрєдзимє бакастысты, сє кєрєдзимє цєстытє фєныкъуылдтытє кодтой, фєлє сєхи афтє дардтой, цыма сын євєндон хъуыддаг уыд. Сє иу загъта: — Махєй дє цы єфсарм ис, Сырдон! Стєй ныр- ма ныр куы сыстадыстєм фынгтєй. Сырдон хинхудт бакодта: — Єфсарм хистєрєй кєстєры сєрыл нєу. Мє хєдзармє дєр уын хєс у цєуын. Фынгєй ныртєккє кєй сыстадыстут, уый ницы кєны. Бирє — зєрдє- йєн, чысыл — гуыбынєн. Зивєггєнєгау сыстадысты нарты фєсивєд ємє Сырдоны фєстє ацыдысты. Бахуыдта сє Сырдон йє хєдзармє, єрбадын сє кодта фынгыл ємєсын сє разы хєрд, нозт єрєвєрд- та. Йєхєдєг ахъуыды кодта: «Адон бирє нє бахєр- дзысты, фєлє йє дзурдзысты: «Сырдон нє хорз федта». Нарты фєсивєд бадынц, хєрынц ємє нуазынц, цыма къуыри кєрдзын ємє доны хъєстє нє фесты, уыйау. Сырдон кєсы ємє уыны — йє уазджытєн баф- сєдынєн ницуал амал ис. Дисы бахауд ємє фєрсы фєсивєды: — Ныхасы афтє куы загътат, ныртєккє фынгтєй 32
сыстадыстут, ємє єфсєстхуыз куы уыдыстут, уєд уын ныр єфсис куы нал ис? Нарты фєсивєд ын дзуапп радтой: — Алы фынгєн дєр йєхи фарн ис, йєхи єгъдау ын єххєст кєнын хъєуы. Бамбєрста Сырдон, сайд ыл кєй єрцыд, уый. а Сырдоны тауржгътє
СЫРДОН НАРТЄЙ Й/Е МАСТ КУЫД РАЙСТА зрт цуаны ємє хєтєны арєх цыдысты. Ємє-иу Сырдоны дєр семє арєх кодтой. Иухатт та цуаны цєуыны фєнд скодтой ємє Сырдонєн загътой: — Цом немє, Сырдон, ахєтєм, ацуан кєнєм. Кєд та нын Єфсати баххуыс кєнид. Нєфєндєгау кодта Сырдоны, фєлє комкоммє зєгъын ницы бафєрєзта ємє єнкъардєй нартимє ацыди. Фєхаттысты, фєцуан кодтой, фєлє —никуы ємє ницы, сє къухы ницы бафтыд, сє зєрдє ницє- мєй барухс. Ємє уєд загътой: — Ай нын иууылдєр Сырдоны фыдбылызтє сты, исты хуызы дзы фервєзєм. Нарт єрєнцадысты сау хъєды цады был ємє стєрхрн кодтой: — Ацы цад Сырдон нє зоны, ууылты йє арвитєм ємє кєд фесєфид. Цадыл мєнггонд пыхсытє єркодтой ємє йє ар- выстой цады комкоммє фєндагыл. Нє базыдта Сыр- дон, уым цад ис, уый, ємє дзы аирвєзтис. Фєлє былгєрон бєласы уидєгтыл фєхєст ємє тыххєй- 34
фыдєй ралєст цадєй. Хус къєцєлтєй арт акодта, йє дзаумєттє бахус кодта ємє уайтагъд нарты раз- мє азгъордта. Нарт Сырдонєн фесєфын єнхъєл уыдысты ємє дисыл фесты. Фєлє сдзурын ницы бафєрєзтой, Сыр- дон сє йє хъєры бын фєкодта: — Диссаг, нарт, диссаг уын радзурон. Мє чысы- лєй ардєм ахєм диссаг нєдєр уынгє фєкодтон, нє- дєр хъусгє. — Цы диссаг федтай, Гєтєджы фырт, єви та нє сайгє кєныс? Сырдон сын загъта: — Уянцон сайд нєу, сайыныл нє дєн. Уєртє уым иу цад ис, ємє дзы федтон диссаджы сырдтє. Уыдон рахєлєф кодтой пыхсмє. Єз сє фєтарстєн ємє ма фыртєссєй ардєм сымахмє ралыгъдтєн, тыххєй ма уєм єрбахєццє дєн. Нарт Сырдоныл хус дзаумєттє куы федтой, уєд сє йє ныхєстє бауырныдтой. Ємє уєд уый дєр загъта: — Кєд цуан кєнут, уєд хуыздєр ранмє нал бафтдзыстут,— ємє сын сындзджын къохмє баца- мыдта.— Цєут ємє цєгъдут. Єз сєм нал уєндын, фєлє пыхсы алыварс зилдзынєн ємє уын чердєм цєуой, уый амондзынєн. Бахєлєф кодтой нарт сындзджын къохмє. Сындз ємєхгєддєр кєм уыд, Сырдон сє уырдєм ардыдта. Афтємєй єхсєв бонмє нарты сындзытєн ныттонын кодта. Бєхєй, лєгєй сє туг калгє райсомєй сындзы къохєй рацыдысты. — Сєрєй та ныл сайдєй рацыдтє,— зєгъынц нарт Сырдонєн. — Уый сєм уєндгє нє бакодтат, хъал нарт, сын- дзы бамбєхстыстут. Ємє уын ує худинаджы ха- 35
бєрттє адємєн куы радзурон, уєд фндиссаг фєуы- дзыстут,—загъта Сырдон. Нарт фєтарстысты худинагєй, Сырдон ныл иє бацауєрддзєн, зєгъгє, ємє йын ницыуал ской кодтой.
>*1§И СЫРДОН ХЪ/ЕЗДЫГ ЛЄДЖЫ КУЫД АСАЙДТА |ырдонмє уыди иу гєбєр рагъ хъуг. Иу изєр хъуджы фєстє єрцыди иу богъа. Сырдон єй базыд- та,—уый уыди йє хъєздыг сыхаджы богъа ємє сфєнд кодта: «Уымє уєддєр бирє фос йс, цєй ємє ацы богъа мєхицєн єрбакєнон». Бакодта Сырдон кєйдєр богъайы йєхи скъєты. Фєлє райсомы хъєздыг сыхаг саргъы бєхыл йє уєлхъус єрлєууыд. — Дысон, Сырдон, мє богъа ацырдєм єрба- дзєгъєл ємє, дам, дєумє ис. — Бахатыр кєн, фєлє уый нєхи хъуджы род куы у,— дзуапп ын радта Сырдон. Сыхаг бацыди скъєтмє ємє амоны богъамє: — Куыд дє хъуджы род у, Сырдон, уый мє богъа куы у, уєд? — Рєдийыс, уый єцєг мєхи род у,— нє састи Сырдон. Сыхаг смєсты ис. — Цом уєдє тєрхоны лєгмє, уый нын равзар- дзєн нє хъуыддаг. 37
Сырдон не ’сразы: — Куыд ацєуон єз демє тєрхоны лєгмє? Ды — бєхыл, єз — фистєг: кєуыл баууєнддзєн тєрхоны лєг? Нє, нє, уый раст нєу. «Мє богъа сєфдзєн»,— ахъуыды кодта сыхаг ємє дзуры Сырдонмє: — Сбад мє бєхыл, єз фистєгєй ацєудзынєн. Сырдон та уєддєр нє бакуымдта: — Куыд ацєуон єз демє тєрхоны лєгмє. Ды — хорз кєрцы, мєныл — цыдєр уєлдзармы гєбаз: кє- уыл баууєнддзєн тєрхоны лєг? Нє, нє, уый раст нєу. «Мє богъа сєфдзєн»,— ахъуыды та кодта сыхаг лєг ємє та дзуры Сырдонмє: — Скєн мє кєрц, єз дє кєрцы дєр ацєудзынєн. Скодта йє сыхаджы кєрц Сырдон, сбадт ын йє бєхыл ємє афтємєй ацыдысты тєрхоны лєгмє. Бахєццє сты тєрхоны лєгмє дыуує сыхаджы. Уый сє фєрсы: — Цы хабар уєм ис, цємє єрбацыдыстут? Сыхаг загъта: — Мє богъа Сырдонмє бафтыд, уый йє йе ’скъє- ты бакодта ємє мын єй нал дєтты — мєхи хъуджы род, дам, у. Фєрсы тєрхоны лєг Сырдоны: — Раст зєгъы дє сыхаг, єцєг ын нал дєттыс йє богъа? Сырдон бахудти ємє йын дзуапп радта: — Ай ахєм лєг у ємє ныртєккє афтє дєр зєгъ- дзєн: «Мєнє цы бєхыл бадын, уый дєр мєн у», зєгъгє. Сыхаг нал фєлєууыди: — Ємє єниу дєу у, уєдє! Уый дєр мєн у. 38
Сырдон та бахудт: — Ємє ма уєд єххєст «дє кєрц дєр мєн у», зєгъгє, зєгъ, уый ма дє куыд ферох? Сыхаг смєсты ис: — Кєрц дєр мєн у. Ралас єй ныртєккє! — Гъе афтєтє мын кєны єдзухдєр,— загъта Сырдон.— Євєдза, тєрхоны лєг нєй, зєгъгє, уєд мын мє фєстаг хєдон дєр раласид. Смєсты ис тєрхоны лєг ємє Сырдоны сыхагєн загъта: — Ахъуытты у, фєлывд, мє разєй ємє фесєф, мє цєст дє куыд нал фена, афтє. Ацы мєгуыр лє-г джы ма искуы куы бахъыгдарай, уєд-иу дєхимє кєс. Сырдон замманай бєхыл мидбылхудгє йє хє- дзармє афардєг, йє сыхаг та уєнтєхъил, сєргуыбы- рєй ацыд.
СЫРДОН, СОСЛАНЫЛ САЙДЄЙ КУЫД РАЦЫДИ, СТЄЙ ЙЫН УЫЙ ФЄСТЄ УС КУЫД РАКУЫРДТА заман нартыл залты мит єруарыди. Фосєн єнє фесєфгє нє уыд, сє хизєнуєттє арф миты бын фесты. Арвыстой нарты хистєртє фидиуєджы: — Фехъусын кєн нартєн: нє фос сєфынц, єрєм- бырд ут ємє исты уынаффє бакєнєм. Фидиуєг фехъусын кодта адємєн хабар, ємє нарт єрємбырд сты. «Цы бакєнєм, цы хуыздєр фєнд єрхъуыды кєнєм?» — єрсагъєс кодтой иууыл- дє’р, фєлє ницы єрхъуыды кєнын сє бон баци. Уєд сєм Сослан дзуры: — Цєй ємє хєлттє сєппарєм, ємє, кєй хал схауа, уый фосєн хизєнуат ссарєд ємє нын сє фє- хизєд. Сразы сты нарт Сосланы фєндыл. Ємє йын хєлттє сєппарын йєхицєн бабар кодтой. Сослан Сырдонмє мєсты уыд, рагєй кєрєдзимє знаджы цєстєй кастысты, ємє сфєнд кодта уымєн исты хиндзинад бакєнын. Сєппєрста хєлттє, ємє Сырдоны хал баууон кодта, стєй йын єй радта. Схауди Сырдоны хал, уєдє цы уыдаид, ємє 40
ма йын єнє сразы дєр цы хос уыд! Єрмєст ма загъта: — Хємыц мын йє бєзджын уєлдзєрмтты кєрц раттєд, кєннод искуы басидзынєн. Радта Хємыц йє кєрц, ємє Сырдон ацыди хизєн- уат агурєг. Фєндагыл хъуыдытє байдыдта: «Барєй мын бакодта ацы ми Сослан. Йєхи сєр ын фєтъыс- сын хъєуы фыдбылызы». Сырдон зыдта, дард бєстєйы кєй цєры єнахуыр домбай лєг — Тыхы фырт Мукара, уымєн йє зєх- хытє — хъєздыг, йє хизєнуєттє — ємбисонд. Фєлє йє сєрты цъиу атєхын нє уєнды, хъаруйє йє ничи амбулдзєн. Ємє Сырдон сфєнд кодта: «Нартєн зєгъдзынєн, уым йедтємє хизєнуат никуы ис, фос уырдєм тєрын хъєуы, зєгъгє. Єрмєст сын семє дыуує лєджы єрвитын хъєуы. Нарт уый сє сєрмє не ’рхєсдзысты. Ємє уєд кєд Сосланы арвитынєн исты саразин, Мукарайє бєргє нал раирвєзид». Куы сфєнд кодта, уєд Сырдон бавдєлд ємє Хє- мыцы кєрц йє уєлєйє раласта, зыгъуыммє йє ра- фєлдєхта ємє йє фєстємє йє уєлє скодта. Стєй цыхцырєджы бынмє бацыд ємє кєрц ныддонласт. Уазалєй кєрц их фестад ємє иу заман афтємєй Сырдон нарты єхсєн балєууыд. Ємє йєм дзурынц: — Цы хабар нын єрхастай, Сырдон? — Абон мє ма фєрсут, уазалєй мє бон дзурын дєр нал у,—загъта Сырдон ємє йє хєдзары фє- аууон. Барвыстой райсомы нарт Сырдонмє. Фєлє Сыр- дон нє рацыд сє размє. Барвыстой йєм дыккаг хатт. Уєддєр та сєм нє рацыд Сырдон. Стєй йєм єртыккаг хатт куы бар- выстой, уєд се ’хсєнмє рацыд єнкъардєй. 41
— Цємєй нын нє зєрдєтє барухс кєндзынє, Сырдон, цы бєстєты фєхаттє? — бауырдыг єм сты нарт. — Бєргє мє фєнды, ує зєрдє куы барухс уаид, уый, фєлє цы бєстєты фєхаттєн, уыдонєй никуы ницы ис,— загъта Сырдон. — Уєдє куыд уыдзыстєм? — бакатай кодтой нарт. Сырдоны дєр єндєр цы хъуыди ємє сын афтє зєгъы: — Ис иу бєстє, уым нє фос аирвєзиккой. Фєлє уый та у Тары фырт Мукарайы зєхх. Уырдєм фоси- мє иу адєймаг куыд ацєудзєн? Тары фырт Мукарайыл Нарт хъуыды дєр нє акодтой, афтємєй загътой: — Мах уый нє сєрмє не ’рхєсдзыстєм ємє нє фосы фєдыл цалдєрєй ацєуєм. Сырдон аивєй йє мидбылты бахудт ємє каст, нарт куыд базмєлыдысты, уымє. Стєй сын загъта: — Уєдє уєд Мукарайы зєххмє фос иунєгєй чи атєрдзєн, уый тыххєй хєлттє сєппарєм. Нарт та ницєуыл ахъуыды кодтой ємє ємхуызо- нєй загътой: — Сєппарєм хєлттє. Марадз, Сырдон, дєхєдєг. Сырдон хєлттє сцагъта, уый дєр та баууон код- та Сосланы хал, стєй йын єй радта. Ємє Сосланы хал схаудта нарты фос Тары фырт Мукарайы зєх- хытєм атєрыны тыххєй. Сослан ын йє хинми бамбєрста ємє йє хъама фелвєста. Сырдон алыгъд, мыст фестад ємє сисы хуынчъы бабырыд. Сослан хуынчъы раз слєууыд ємє йєм дзуры: — Додой мын дє сєр кєны, єз ардыгєй ацєуи- наг нал дєн, сыдєй уєддєр мєлдзынє. 42
Сырдон бакатай кодта ємє Сосланєн лєгъстє кєнынмє фєци: — Ацы хатт ма мє ауадз, єз дын денджызы рє- сугъд Хъызмыдєйы усєн єрхєсдзынєн. Сослан сразы ємє Сырдоны рауагъта. — Ды уал нарты хъєуы хъазт сараз, єз цєуын рєссугъд Хъызмыдємє,— загъта Сырдон, йєхєдєг йє бєхыл сбадт ємє арасти Хъызмыдє агурєг. Хъызмыдє та дунеты рєсугъд уыд, уый бадти Єрхуы мєсыджы ємєйын фенєн дєр никємєн уы- ди. Сырдон бахєццє Єрхуы мєсыгмє ємє Хъызмы- дєйы дондзау чызг донмє куы рацєйцыд, уєд йє бєхы ныцъцъыччытє кодта. Бєх йє мидбынаты чъыллиппытє кєны, размє нал цыди — Сырдонєн йє бєх дєр йєхи хуызєн хин уыдис. Дондзау чызг дон схаста ємє Хъызмыдє-рєсугъ- дєн загъта: — Диссаг, нє дуармє иу барєг йє бєхы нємы, фєлє уый уєддєр размє не ’нкъуысы. Хъызмыдє-рєсугъд чызджы арвыста: — Бафєрс єй, цу, цы йє хъєуы, цємєн нємы йє бєхы> Чызг ацыд ємє Сырдоны бафарста. Уый йын дзуапп радта: — Нарты хъєумє тагъд кєнын, фєлє мє бєх нал цєуы ємє йє уый тыххєй нємын. — Чызг хабар схаста Хъызмыдє-рєсугъдмє. Уый та.чызджы арвыста: — Цу ємє йын зєгъ — бєхєй рахизєд ємє ма уєд бєхєн єнєцєугє цы уыдзєн. Чызг та Сырдонмє ацыд ємє йын Хъызмыдє- рєсугъды ныхас ракодта. Уєд Сырдон чызгєн загъта: — Нарты хъєуы стыр хъазт ис ємє уырдєм 43
тагъд кєнын. Уыцы ємбисонды хъазт куы нє фенон,. уєд ма мє бєхєй дєр цы кєнын. Чызг та ссыд ємє Хъызмыдє-рєсугъдєн уыцы хабар дєр радзырдта. Хъызмыдє-рєсугъд та чызджы рарвыста: — Ацу уєдє ємє йын зєгъ: кєд дзы єцєг ахєм хъазт ис, уєд єз дєр цєуын. Дє бєх уал, зєгъ, суадз, уадз ємє ахиза. Ды мє барєвдз кєн, ємє єз дєр йемє ацєудзынєн. Чызг уыцы хабєрттє Сырдонєн куы ракодта, уєд ын уый афтє зєгъы: — Хъызмыдє-рєсугъд мєм йєхєдєг радзурєд. Ссыдысты Єрхуы мєсыгмє, ємє йын уыцы ны- хєстє Хъызмыдє-рєсугъд йєхєдєг дєр ракодта. Уєд Сырдон йє бєхыл сахсєн сєвєрдта, хорз єй фєхызта, йєхєдєг єнхъєлмє каст. Уалынджы Хъызмыдє хєдтулгє уєрдоны абадт, Сйрдоны дєр йемє акодта. Сырдон єй афарста: — Дє чегъре чи уыдзєн? Хъызмыдє-рєсугъд ын загъта: — Єз никєйы зонын, чегъре мын ды фєлєуу. Нартмє куы фєцєйхєццє кодтой, уєд Сырдон йєхи фєразєй кодта. Сослан єй куы федта, уєд єй фєрсы: — Кєм ис дє Хъызмыдє-рєсугъд? Сырдон ын фєндагмє ацамыдта: — Єрбацєуы. Уєдмє Хъызмыдє-рєсугъд єрбахєццє. Сырдон ын зєрдє бавєрдта чегъре дын уыдзынєн, зєгъгє, йє размє бауад ємє йє нарты симдмє бакодта. Єр- хєцын єй кодта Сосланимє, ємє симынтє бай- дыдтой. Сау хохєй Сау уєйыг каст ємє йє мадєн загъта: — Нартмє—хъазт, Хъызмыдє-рєсугъд дєр уым 44
симы. Сєхи бакєнынмє йє хъавынц, Єз єм рагєй куы єнхъєлмє кєсын, уєд єй уыдонєн куыд ауа- дзон? Мад уєйыджы нє уагъта: — Уыдонєй ныры онг дєр фос ничи ма фєкодта, фєлтау дєхицєн єнцад бад. Нє байхъуыста уєйыг йє мадмє ємє нарты хъазтмє ацыд. Єрлєууыд Сосланєй чызджы єхсєн ємє симын райдыдта. Сырдон бамбєрста уєйыджы фєнд ємє дзуры Батрадзмє: — Цы фєдє, Батрадз, Сау уєйыг нын нє хъазт куы халы. Бацыд Батрадз уєйыгєй чызджы єхсєн. Симгє- симыны йын йє къахыл фєлєууы ємє къух стъєпп ласы. Уєйыгєн йє иу син фелвєст, стєй та йє иу цонг. Ємє уєд дзуры Батрадзмє: — Ауадз мє, єз нал симын. Батрадз бахудти: — Асим, симын хорз у. Єнєбары ма къуылыхєй симдта уєйыг. Батрадз та йын йє къахыл фєлєууыд ємє йын йє мєкъуыс- тєг срємыгъта. Стєй йє ныхъхъуытты уагъта, ємє уый дєр йє сєр бафснайыныл бакуыста. Уєдмє хъазт дєр райхєлди. Сырдоны руаджы Сослан Хъызмыдє-рєсугъдимє бафидыдта ємє йє йє хєдзармє єркодта усєн.
СЫРДОН ЙЄ ТЫНЫ ХЄС КУЫДБАФЫСТА ырдон иу лєгєй фєхєсджын, тын хєсджын. Цыбыркъух, мєгуыр лєг уыди Сырдон, ємє цємєй бафыстаид йє хєс! Уыцы цыд єм кодта хєсдєттєг, фєлє-иу афтидєй фєстємє йє хєдзармє аздєхт. Сырдонєй йє хєс йє къухы нал єфтыд, уый йын єдзух ємгъуыдтє, єфсєнттє кодта. Иу ємгъуыдмєта йєм фєзынд йє хєдзармє ємє бахъєр кодта: — Гъе, Сырдон, уым нє дє? — Сырдон ам нєй! — радзырдтой мидєгєй. — Кєм ис? — Дєлє хъєугєрон дзыхъхъ къахы. Ємє хєсдєттєг араст хъєугєронмє. Уым бай- йєфта Сырдоны дзыхъхъытє къахгє. Ємє йєм дзуры: — Байрай, Сырдон! — Єгас цу, єгас! — Сырдон, мє тын мын. Бирє ємгъуыдтє, бирє єфсєнттє мын фєкодтай ємє дын хєс бафидын афон дєр у. Цєсгом дєр дзы хъєуы,— уайдзєфтє кєнын райдайы хєсдєттєг. 46
Сырдон йє куыст ныууагъта, бакаст лєгмє ємє ныуулєфыд: — У, у афон, кой дєр єй мауал кєн. Єз дєр мє- нє дє хъуыддагыл архайын.. Лєг фєдис кодта: — Уый та куыд, куыд мє хъуыддаг? Дє разы дзыхъхъытє куы къахыс! Сырдон хин худт бакодта ємє загъта: — Куыд єнємбаргє фєдє, дє хорзєхєй! Нє уыныс: скъахдзынєн дзыхъхъытє, сындз сын сє был- тыл ныссадздзынєн. Хохмє скъєргєйє фос ауылты цєудзысты, фєстємє дєр сє ауылты хъєудзєн. Сє- хи сындзытыл хафдзысты, сє фист сындзытыл зай- дзєн. Єз єй єрємбырд кєндзынєн, тын дзы бауа- фын кєндзынєн ємє дын уєд дє хєсєн єнє фидгє нєй. — Ха-ха-ха! — ныххудти йє дзыхы дзаг хєс- дєттєг. Сырдон ын зєрдиагєй загъта: — Цєуылнє худай ды: дє тын дє къух ссардта! Уый адыл хєсдєттєг йє къух ауыгъта, аздєхт ємє йє фєрныг хєдзармє афардєг, уєдє цы уыдаид! Сырдон та хєсєй фервєзт.
СЫРДОН НАРТЫ ХЪОМТЫ КУЫД НЫЦЦЄГЪДЫН КОДТА ырдонєн йє хъуг бахуыскъ ис ємє євє- джиау нард сси. Нарт сфєнд кодтой уыцы хъуджы дзидзайє сєхи хорз фенын. Ємє иу бон, ныхасы бадгєйє, Сырдонєн афтє зєгъынц: — Сырдон, не ’фсымєр дє, хорз нє фен иу хатт. Дє хъуг бахуыскъ, ницуал пайда дын у, ємє нын єй аргєвд. Цы загътаид нартыныхасыл Сырдон, сразы ис се- мє, уєдє цы уыдаид, ємє загъта: — Мє хъуг ує фєхъхъау фєуєд, уый йє койы аргъ дєр нєу, аргєвддзынєн єй. Йєхинымєр та афтє ахъуыды кодта: «Мє хъуг бахєрыны фєнд скодтат, фєлє уын лєвар нє рауай- дзєн, мє маст ує райсдзынєн». Аргєвста йє хъуг Сырдон, сфыхта йє ємє нарты єрхуыдта. Єрбадтысты нарт фынгтыл, ємє сєм Сырдон дзуры: —• Хъуг бахєрут,. фєлє мын йе ’стджытє мєхи- цєн раттут. Нарт хъуг хєрын райдыдтой ємє Сырдоны къєх- 48
ты бынмє стджытє єппєрстой. Хъуг хєрд куы фєци, уєд алчи йє хєдзармє ацыд. Сырдон йє хъуджы стджытє єрємбырд кодта, голладжы сє сєвєрдта ємє єлдары хъєумє ацыди. Хъєумє куы бахєццє ис, уєд ыл єрталынг, ємє єлдары хєдзармє бацыд. Чи аздєхтаид бєлццоны йє хєдзарєй! Бакодтой уат Сырдонєн уазєгдоны. Сырдон бахуыссынмє куы хъавыд, уєд фысымєй хатыр ракуырдта ємє йын загъта: — Ує хорзєхєй, мє голлагмє мын мачи бавна- лєд, бирє хєзнатє дзы ис ємє йєм куыддєр искєйы къух бахєццє уа, афтє мын стджытє фестдзысты. Фысым ын зєрдє бавєрдта нє бавналынєй ємє Сырдон дєр схуыссыди. Бинонтє дєр схуыссыдысты, хъєздыг адємы уазєджы хєзнаты мєт цємєн уыдаид! Єрмєст Сырдон йєхєдєг єнємєт нє уыд. Єм- бисєхсєв куы фєци, уєд сыстадис, йє голладжы ком суєгъд кодта, стджытє байгом сты. Йєхєдєг фєстє- мє схуыссыд ємє єнємєтєй бафынєй. Райсом раджы райхъал ис Сырдон ємє євиппай- ды сєрдиаг кодта, йє уєрджытє хойы, хъєр кєны, бабын дєн, зєгъгє. Єлдары бинонтє фєдисау фестадысты, нє уазє- гыл цы єрцыд, зєгъгє, йє размє бацыдысты. Фєлє ма Сырдоны чи басабыр кодтаид, богътє систа, уромєг єй нал уромы: — Ныр ма цы чындєуа! Дысон уын бєргє бафє- дзєхстон, мє голлагмє мын мачи бавналєд, зєгъгє, фєлє йє уєддєр байгом кодтат, ємє ныр мє хєз- натє стджытє фестадысты! Єлдар сабыртє кєнын райдыдта Сырдоны: — Єз — дє мад, дє фыды уазєг, мацы дзур, мє худинаджы хъєр айхъуысдзєн, йє уазєджы ба- 4 Сырдоны таурєгътє 49
фхєрдта, зєгъгє. Фєлтау дє цы хорздзинад хъєуы, уый дын ратдзынєн. ( Сырдон ын бустєхуызєй загъта: — Куыд нє дзурон? Цємєй мын бафиддзынє мє хєзнатє? Уымєй ницуал пайда ис, фєлє мын се ’муєз сызгъєрин уєд та ратт. Єлдарєн хуыздєр гєнєн нал уыд ємє хъуджы стджыты ємуєз Сырдонєн сызгъєринтє радта. Сырдон йє сызгъєринты голлагимє нартмє сыз- дєхт ємє ныхасы рєзты фєцєуы. Нарт єй ба- фарстой: — Дє хорзєхєй, Сырдон, дє хъуджы стджытимє цы бєстєты фєхаттє? Сырдон сын зєрдиагєй дзуапп ратта: — Хуыцау ма мын куы раттаид стджытє.Ємби- сонды хорз аргъ кєнынц єлдары хъєуы хъуджы стджытє,— ємє сєм сызгъєринтє равдыста. Нарт бавдєлдысты ємє сє хъуццытє аргєвстой ємє минас кєнын райдыдтой, уєлдай буц та Сыр- доны кодтой. Стєй сын се ’стджытє єрємбырд^код- той, ємє сє алчидєр єлдары хъєумє фєхаста. Цас нє фєхъардтой се ’стджытє нарт єлдары хъєуы, фєлє стєг єхцайыл ивєг нє фєци. Бамбєрстой нарт, Сырдоны хъуджы бахєрд сын цы расайдта, уый ємє уєнтєхъил, сєргуыбырєй сє хєдзєрттєм раз- дєхтысты.
СЫРДОН ЙЄ ХУДЫСКЪЄФЄДЖЫ КУЫД АХСТА артєн сє къухы арєх не ’фтыд Сырдонєй ахъазын. Иєхєдєг сын-иу, лєг цы вєййы, уый фєци. Афтє дєр дзы уымєн тарстысты. Фєлє дзы кєд єдас нє уыдысты, уєддєр ын арєх фыдмитє дєр кодтой. Иухатт та нарт бадтысты ныхасы. Сырдон дєр уыди семє. Ныхасгєнгєйє йын чидєр йє худ аскъєфта ємєуынджы хєрдмє ныййарц ис. Сырдон фестад скъєфєгмє, стєй лидзын райдыдта иннєр- дєм. Нарт ныххудтысты ємє йєм хъєр кєнынц: — Сырдон, дє худыскъєфєгєй иннєрдєм куы лидзыс, дє худ дє нал хъєуы?! Уєд сєм Сырдон фєстємє дзуры: — Єз дєр мє худы мєт кєнын! Нарт дисы бацыдысты: — Уєдє уыцырдєм цємєн згъорыс? — Худыскъєфєджы нє баййафдзынєн,— дзуапп радта Сырдон.— Фєлє йє размє уєлмєрдтєм тє- хын, уєддєр єй искуы уырдєм хъєуы. Худыскъєфєг Сырдоны ныхєстє фехъуыста, фєстємє раздєхт ємє Сырдонєн йє худ радта. 51
СЫРДОН УЫРЫЗМЄДЖЫ КУЫД ФЄРАСЫГ КЄНЫН КОДТА орєтє сфєнд кодтой Уырызмєджы срасыг кєнын. Бамбєрста сын Уырызмєг сє фєнд, сє хуындмє та йын єнєцєугє нє уыд, ємє Сатанайєн загъта: — Расыг мє кєндзысты Борєтє, ємє схынджы- лєггаг уыдзынєн. Цы сын бачындєуа? — Даргъ кєрц скєн ємє мидєгєй хєтєл бам- бєхс,— загъта Сатана,— Фынгыл дє куы бадын кє- ной, уєд-иу бадєнєн фист ракур. Фистыл бадт куы фєуай, уєд нуазєнтєй мауал тєрс — аивєй сє-иу хєтєлы ауадз ємє-иу нозт фисты афардєг уыдзєн. Ацыдис Уырызмєг Борєтєм хуынды, йє даргъ кєрц йє уєлє,мидєгєй дзы хєтєл ємбєхст, афтє- мєй. Сєхи цингєнєг скодтой уазєгыл ємє йє фынг- мє хонынц. Уєд сєм Уырызмєг дзуры: — Рагєй-єрєгмє дєр фистыл бадын сахуыр дєн, ємє мын мє ахуыр ма фехалын кєнут. — Дє хорзєхєй, сбад нєм фистыл дєр, махмє уазєг буц у,— загътой Борєтє ємє Уырызмєджы фистыл сбадын кодтой. Сбадтысты сєхєдєг дєр. 52
Р^ГрМШ^Ш1йшлажШ
Рауагътой гаджидєуттє, ныккалдтой нуазєнтє Уырызмєгыл. Фєлє уый уєлдай хуызон дєр нє кє- ны — аивєй нозтытє хєтєлы ауадзы, ємє та уыдон ■. дєр фисты афардєг вєййынц. Сцымыдис сты Борєтє. — Цы диссаг уа ай, Уырызмєг расыг куы нє кєны! Фєлє сє гуырысхо бирє нє ахаста. Каецєйдєр фєзынди Сырдон, нарты фыдбылыз, ємє Борєты сардыдта Уырызмєгыл: — Ує, бынбауат, Борєтє, Уырызмєг кєй асайд- та. Нє йє уынут: нозт хъуырмє нє цєуы, фєлє йє хєтєлы уадзы ємє къуымбилы ахъары. Уєд уын афтємєй куыд срасыг уа! Бамбєрстой уєд Борєтє Уырызмєджы хинми. Нартмє-иу барєджы нуазєн лєугєйє нызтой, ємє уазєгмє дзурынц: — Уый та дын, Уырызмєг, барєджы нуазєн. Цы гєнєн ма уыд Уырызмєгєн, сыстади ємє нуазєн лєугєйє банызта. Уый адыл єй сбадын нал бауагътой — ныккалдысты та йыл буц нуазєнтє. Бирє нал бафєрєзта Уырызмєг, срасыг ис, иу заман ахаудта ємє Борєтєн фєхынджылєггаг. Афтє Сырдон фєрасыг кєнын кодта Уырыз- мєджы.
СЫРДОНЫЛ ХУЫССЄ1Г КУЫДФЄТЫХ ырдон єрмєст нартимє нє быцєу кодта. Суанг ма-иу дзуєрттимє дєр схъаугъа. Ємє дзы Уастырджи, Уацилла ємє Хуыссєг сє маст райсын фєнд скодтой. Сырдонмє уыди, авд азы дєргъы хуыскъ чи фє- ци, ахєм хъуг. Фырнєрдєй тъєппытє хаудта. Гъемє Уастырджи, Уацилла ємє Хуыссєг сфєнд кодтой уыцы хъуг бахєрын. Хъуг хызти мєгуыр хъомгєсы рєгъауы. Иу изєр куы уыди, уєд фесєфти хъєугєронєй. Сырдон мє- гуыр хъомгєсы нал уагъта, мє хъуг мын бафид, зєгъ- гє. Уастырджи, Уацилла ємє Хуыссєджы фєнд аф- тє уыди: кєд Сырдон хъуджы давд базона, уєд ын єй бафиддзысты, куы не ’схъєр уа, уєд та доны къусы сєфт фєкєндзєн. Ємє Сырдон мєгуыр хъом- гєсы куынєуал уагъта, уєд Уастырджи, Уацилла ємє Хуыссєг сє цуры єрбалєууыдысты ємє сын загътой: — Ує бар махмє раттут. Мєгуыр хъомгєс уайтагъд йє бар радта. Фєлє 55
Сырдон єрсагъєс кодта. Стєй куы бамбєрста, хуыз- дєр гєнєн ын нєй, уый, уєд загъта: — Фод афтє, єз дєр уєм дєттын мє бар. Уєд Уастырджи, Уацилла ємє Хуыссєг скъахын кодтой Сырдоны хєдзары арф дзыхъхъ, дзыхъхъы ауагътой Сырдоны, стєй дзыхъхъы сєр бєзджын къєйдурєй бамбєрзтой ємє Сырдонєн загътой: — Мах єртє хатты мєгуыр хъомгєсы бамбєхс- дзыстєм, ємє йє кєд єртє хатты дєр ссарай, уєд дын дє хъуг мах бафиддзыстєм.. Фыццаг хатт бамбєхста мєгуыр хъомгєсы Уас- тырджи: акодта йє єфцєгыл ємє йє сау хъєды тєр- сєй тєгєры єхсєн сєнчы мидєг бамбєхста. Сырдон уєрмєй схызти ємє рацагуырдта фєдыс- мудєй, фєрасти єфцєджырдєм. Ахызти єфцєгыл, бафтыди сау хъєдмє, фєлє никуы ємє ницы. Ба- фєллади ємє єрбадти тєрсєй тєгєры єхсєн, йє худ систа, йє хид иыссєрфта ємє загъта: — Оф, оф, мєхионы тыххєй цы фыдєбон кєнын! Февнєлдта йє цуры сєнкмє, стыдта йє, ємє йє ахєрон куыд загъта, афтє сєнкєй хъєр ссыди: — Ма мє бахєр. Єз ам дєн... — Ує, дє бинонты хуыздєр куыд амарди!—ныд- дис кодта Сырдон,— ємє сєнчы мидєг та куыд бам- бєхстє?! Дыккаг бон йє бамбєхсыны рад лєвєрд уыди Уациллайєн. Уацилла бамбєхста мєгуыр хъомгє- сы, комы фале най кєм кодтой, уыцы мусы иу мє- нєуы гагайы. Сырдон та дзыхъхъєй схызти, рауай-бауайыл фє- ци ємє куы бафєллади, уєд комы фале цы мусы най кодтой, уый размє бацыд ємє найгєнджытєм дзуры: — Дзаг мус ут! 56
Арфє йын ракодтой найгєнджытє дєр. Уєд Сыр- дон мєнєуы нємгуытєн се ’стырдєры систа ємє йє йє дзыхы баппарынше куыд хъавыди, афтє чидєр ныхъхъєр ласта: — Ма мє бахєр, єз та дєн! ■— Ує дє бинонты хуыздєр куыд амарди, мє- нєуы нємыджы та куыд бамбєхстє?! —дис та код- та Сырдон. Єртыккаг бон мєгуыр хъомгєсы хъуамє бамбєх- стаид Хуыссєг. Уый бавдєлд ємє йє акодта Хур- мєсыджы размє. Уым єй тигъыл єргом слєууын кодта, фиййауы лєдзєг ын йє риумє быцєу сарєзта. Сырдон рацу-бацу фєкодта, фєцагуырдта йє, фєлє хъєуєй иу фєд йедтємє нє ацыд. Скасти Хурмєсы- джырдєм, федта мєгуыр хъомгєсы, фєлє йє фий- йау фєхуыдта. Фєстємє раздєхти ємє фєлладєй ныхасы єрбадти. — Оф, оф, мєхионы тыххєй цы фыдєбєттє кє- нын! — загъта Сырдон, фєлє йє бон ницуал баци: хуыссєг йе ’уєнгты фємидєг, ємє Сырдон ба- фынєй. Ємгъуыд та сын уыди хур аныгуылдмє— уєдмє хъуамє ссардтаид мєгуыр хъомгєсы. Фєхуыссыд Сырдон. Хур єрныгуылди. Ємє уєд фехъал ис уый дєр. Бєргє ма ауади хъєуєй Хур мє- сыджырдєм, фєлє йєм фєдзырдтой Уастырджи, Уацилла ємє Хуыссєг, не ’мгъуыд хур аныгуылдмє куы уыд, уєд ма кєдєм цєуыс, зєгъгє. Раздєхти єнкъардєй йє хєдзармє Сырдон, йє хъуг доны къусы сєфт фєкодта.
СЫРДОН СОСЛАНЫ УСКУЫРД КУЫД ФЕХЄЛДТА ирєрєстєг фєкуырдта нарты Сослан Хызы фырт Челєхсєртєджы чызг Бедухайы. Фєлє йын єй фидауцєй нє лєвєрдтой. Ємє уєд Сослан сфєнд кодта Челєхсєртєгимє схєцын ємє Бедухайы йє- хицєн усєн єрхєссын. Сослан бадзырдта фидиуєгмє ємє йын загъта: — Ацу ємє нартєн фехъусын кєн: «Абон — майрємбон, иннє майрємбоны цєуєм стєры Хызы фидармє. Иу барєг цы хєдзар нє рарвита, уый мын уыдзєн лєг-цагъар!» Фехъусын кодта фидиуєг нартєн хабар, ємє ал- чи йєхи цєттєтє райдыдта. Катайы бацыд нарты рєгъаугєс, уымєн йє хє- дзары хъомыл лєппу нє уыди, йє иунєг хъєбул ма авдєны хуыссыди. Хъынцъым систа нарты рє- гъаугєс: — Мєхицєн нєй стєры цєуєн — мє рєгъау цы уыдзєн, кєй бар єй бакєндзынєн? Куы нє ацєуон, уєд та мє мє иунєг лєппуйы Сосланєн цагъарєн раттын хъєудзєн. Єгас къуырийы дєргъы йєхи хордта рєгъаугєс, 59
йе ’намонддзинадыл сагъєс кодта. Афтємєй йєм иу бон йє лєппу авдєнєй дзуры: — Ма тыхс, мє фыд, мєн арвит Сосланы єф- садмє. Ныддис кодта фыд ємє лєппуйєн афтє зєгъы: — Ємє цєуыл тыхсин, мє хур, ды мын цєуын- тєн куы уаис, уєд? Уєд дын лєппу йє авдєны йєхи аивєзта. Ныр- рызти авдєн, фєйнєрдєм фєрчытє фєхаудта. Лєп- пу рагєпп ласта ємє йє мадмє дзуры: — Єххормаг мын у, нана. Сфыхта мад кєрдзын: уєрхмє лєппуйєн — йєхи уєрхєн, дєргъмє дєр лєппуйєн — йєхи дєргъєн. Саби уыцы кєрдзын єгасєй дєр бахордта ємє йє мад ємє фыды цєстыты раз цы уыд, дыуує ахємы стырдєр фестад. — Гъеныр єз стєры цєуын,— загъта уый.— Сос- ланєн кєд искуы йє бєхы рохыл фєхєцын бахъєуа, уєд уымєн дєр не ’сбєздзынєн! Стыр єфсад єрємбырд кодта Сослан ємє стєры араст и. Єфсады баййєфта лєппу дєр. Сослан єй бафиппайдта ємє йє фєрсы: — Ды та кєдєм рабалц кодтай? — Стєры цєуын єз дєр. Єз дєр дын єфсєддон дєн,— дзуапп радта лєппу. — Нырма де ’хсыр дєдонгємттєй куы кєлы, уєд дєуєй цєй хєстон ис? — загъта Сослан.— Аздєх фєстємє! — Ма мє тєр, Сослан,—куры дзы лєппу.—Єз ма дын бабєздзынєн. Бєхєй єрфистєг кєнын дє куы бахъєуа, уєд ын йє идоныл уєддєр фєхєц- дзынєн. — Мє бєх тєрсаг у. Иє идонєй йєхи куы атона, уєд та ма йє цємєй бауромдзынє? 60
! •— Уєд єй йє бецыккєй єрцахсдзынєн. -— Ємє йын йє бецыкк куы ратонай, уєд та? — Уєд та — йє барцєй. -^ Йє барцєй дын куы аирвєза, уєд та? — Уєд та — йє хъустєй. — Ємє йє хъустє куы атона, уєд та? — Йє къєдзилєй йє єрцахсдзынєн. — Къєдзил, миййаг, дє къухты куы аззайа, уєд та? — Уєд ын йє фєстаг къахыл мєхи ныццєй- дзынєн. — Ємє йє фєстаг къах куы атона, уєд та? — Кєд дєм єгад не ’ркєсдзєн нарты єхсєн єр- тєкъахыг, єнєбецыкк, єнєбарц, єнєхъустє ємє єнєкъєдзил бєхыл бадын, уєд мєнєн дєр ницы хъауджыдєр у. — Ай хуымєтєджы лєппу нєу! — загъта Сослан ємє йє йе ’фсадимє ауагъта. Єртымбыл сты Сосланы єфсєдтє Хызы фидары алфамбылай ємє схєцыдысты йє ныхмє. Фєлє фи- дарєн ницы сє бон уыди єфсєдтєн, иу цъула фєкє- нын дєр дзы сє хъару не ’сси. Рагєпп ласта Сослан йє бєхєй, лєппумє йє авєрдта, йєхєдєг єфсєдтєм бацыд. Бирє фєкасти лєппу хєцєг єфсєдтєм. Стєй иу даргъ бєлас єртасын кодта, йє къєхтєй йыл Сос- ланы бєхы бабаста ємє бєлас суагъта. Бєлас бєхы арвмє фєхаста, лєппу та Сосланмє азгъордта. Сослан єм дзуры: — Мє бєхы та мын цы фєкодтай? — Скєс ма куыд фидар єй бабастон,—дзуапп радта лєппу.— Алидзынєй йын тас нєу. Мєн та хєстмє ауадз. Сослан бєласы цъуппыл йє бєхы куы федта, уєд 61
ахъуыды кодта: «Хорз ємбал ссардтон мєхицєн». Цы гєнєн ма йын уыд, ємє ауагъта лєппуйы хєстмє. Уєд лєппу Сосланмє дзуры: — Уєлє Хызы фидары сєрмє сау айнєг уыныс? Єз уырдєм сбырдзынєн ємє мє зєвєтєй айнєгєй фєрчытє хауын кєндзынєн. Уыдон хаудзысты Хы- зы фидармє ємє йє халдзысты. Челєхсєртєгмє иу єнахуыр фат ис, Уєларвон Куырдалєгон ын єй скодта. Уыцы фат мыл суадздзєн ємє мє зєвєтыл сємбєлдзєн. Бєрзондєй рахаудзынєн, фєлє мє-иу ды рацахс, зєххыл єндзєвын мє ма бауадз. Уый фєстє мє авд доны сєрты ахєсс, ємє дын уєд хуы- цау дє фєндон сєххєст кєндзєн. Райгас уыдзынєн фєстємє, фехалдзынєн Хызы фидар ємє дын Беду- ха-рєсугъды рахєсдзынєн. Фєлє мє зєхмє куы єруадзай ємє мє дє бон авд доны сєрты ахєссын куы нє бауа, уєд дє хъуыддагєй ницы рауайдзєн. Схызти лєппу бєрзондмє, сау айнєджы цъуппмє ємє йє йє зєвєтєй цєвын райдыдта. Сау айнєгєй фєрчытє хауын райдыдтой Хызы фидармє. Федта Челєхсєртєг лєппуйы ємє йыл Куырдалєгоны фат суагъта. Фат лєппуйы зєвєтыл суад, ємє лєппу сау айнєгєй куырисау расхъиудта. Фєлє Сослан цєттє уыд, ныттыгъта нымєт ємє лєппуйы рацахста. Лєп- пуйы йє къухтыл даргєйє араст и Сослан дєтты сєрты. Сырдон знаг уыди Сосланєн. «Цємєн хъуамє йє къухы бафта Бедуха-рєсугъд? Цємєн ын хъуамє уа ахєм хъєбатыр кєстєр?» — хъуыды кодта Сырдон. Ємє Сослан єртє доны сєрты куы ахызт, уєд Сыр- дон йє размє фєци урсзачъеджыны хуызы. — Кавдєм тындзыс, зєронд лєг? — афарста Сос- лан Сырдоны.’ 62
— Нарт Хызы фидар фехєлдтой, ємє уырдєм тагъд кєнын: чи зоны, мєнмє дєр дзы исты мулк єрхауа,— дзуапп радта Сырдон.— Ды та, сєрєй, нарты Сосланы хуызєн куы дє. Ує, гормон, мард лєппуйыл куы сдє! Бедуха-рєсугъды дын исчи ахєс- дзєн! Нє байхъуыста Сослан Сырдонмє ємє дарддєр цєуы. Цыппєрєм доны сєрты куы ахызт, уєд лєппу базмєлыд. Ахызти фєндзєм доны сєрты дєр — сгуыпп-гуыпп кодта лєппуйы риуы зєрдє. Єрмєст ма йє дыуує доны сєрты ахєссын хъєуы, ємє уєд бынтондєр райгас уыдзєн. Уайы йє тых, йє бонєй Сослан, тагъд кєны. Ахызти та єхсєзєм доны сєр- ты дєр. Ємє уыны: єрбацєуы иу зєронд ус, йє къухы сасир, афтємєй. — Єнхъєлдєн, нарты Сосланы хуызєн дє! Цєуыл ситтылы дє мард лєппуйыл? Нарт Хызы фи- дар байстой ємє дын дє рєсугъд Бедухайы ахастой. Уыныс, єз дєр уырдєм тагъд кєнын єд сасир, кєд дзы мєн дєр исты хорзєх фєуид. Срысти Сосланы зєрдє: кєд зєронд ус зєгъы, уєд, євєццєгєн, афтє у. Цємєй зыдта Сослан, уы- цы зєронд ус дєр та Сырдон уыд, уый ємє йын фыд- былыз кєй аразы. Иу къуыппыл єрытыдта Сослан нымєт ємє йыл лєппуйы єрєвєрдта. Йєхєдєг йе ’фсадмє батагъд кодта. Куы сєм бахєццє, уєд федта: бадынц єфсад ємє йєм єнхъєлмє кєсынц. Бєргє ма йє бамбєр- ста, сайд ыл єрцыд, уый, бєргє ма азгъордта лєппу- мє, фєлє йыл уый бацыдмє Сырдон зєхх єркодта, ємє лєппу бынтондєр амарди. Базыдта йє бон Сос- лан ємє, єфсады чи уыд, уыдоны сє хєдзєрттєм ауагъта. Гъе афтє Сырдон фехєлдта Сосланы ускуырд.
СЫРДОН СОСЛАНЫ КЄНГЄ ЄФСЫМЄР АРЄХД:ЗЄУЫ КУЫД АМАРЫН КОДТА хатт нарты Сослан єрцєйздєхти цуанєй. Фєндагыл ыл фембєлди иу єнахуыр рєсугъд саг. Сослан йє фєдыл ацыди, фєлє йє саг йєхимє фаты єхстмє нє бауагъта. Смєсты ис Сослан, фєллайгє дєр куыд нє бакодтаид, иу ран йєхи єруагъта ємє бафынєй. Цас фєхуыссыдаид, чи йє зоны. Фєлє уьщы рєстєг уыцы рєтты єрбацєйцыди Бедзенєджы фырт Арєхдзєу. Диссаджы саг федта лєппу ємє йыл йє фат суагъта. Саг обауєй єртылди ємє, Сос- лан цы бєласы бын хуыссыди, ууыл сємбєлди. Асас- ти къалиутєй цалдєр, ємє Сосланыл єрхаудысты. Сослан уайтагъд фехъал ис, фєгєпп ласта ємє федта — йє размє худгє єрбацєуы Арєхдзєу. Ба- зыдтой кєрєдзийы, уєдє цы уыдаид! — Цємєй фєтарстє, Сослан? — бадзырдта йєм Арєхдзєу. — Тєрсгє нє фєкодтон,— дзуапп ын радта Сос- лан.— Фєлє мєм диссаг фєкаст. Абонсарєй сагєн йє фєстє єз фєзылдтєн, фєлє йє ды мєнєй раздєр куы амардтай? 64
— Дис ма кєн, ам сагтєй фылдєр цы ис! — загъ- та Арєхдзєу. Дыуує цуаионы дєр разы уыдысты, кєрєдзиуыл кєй сємбєлдысты, уымєй. Арєхдзєу кєстєр уыди ємє саджы фыдєй физонджытє скодта. Сєхи хорз федтой, ємє Арєхдзєу афтє зєгъы: — Барвєсс ныл, Сослан, фысым нєм бакєн. Сразы ис Сослан ємє Арєхдзєуимє араст и. Цас фєцыдысты, хуыцау зоны, фєлє уєдмє бахєццє сты Бедзенєджы бєстєм. Ємє Сослан уыны: иу ран дард сыстади мигъ. Сослан бафарста Арєх- дзєуы: — Уый цавєр мигъ у? Кєд исчи ує бєстємє єр- бабырста? . — Нє, уыцы мигъ єрбабырсты тыххєй нєу,— дзуапп радта Арєхдзєу.— Абон мє фыд Бедзенє- джы райгуырєн бон у, ємє нє фєсивєд кєрєдзийы фєттє єхсынєй євзарынц. Уыдоны фєттє систой уыцы мигъ. Ноджы та дарддєр цєуынц. Уалынмє хъєу дєр єрбазынди. Ємє та Сосланы хъустыл ауади єрвнє- рєгау цыдєр уынєр. Ємє та йын Арєхдзєу бамба- рын кодта: — Уый мє фыды райгуырєн боны номыл нє фє- сивєд кєрєдзийы уєхсчытєй цєвынц, сє хъару рав- дисыныл сє алчи йєхи хъары. Афтє ныхєстєгєнгє хъєумє бахєццє сты. Сос- лан бацыди Бедзенєгмє ємє йын рарфє кодта. Арєхдзєу та йє фыдєн ралєвар кодта, цы диссаджы саг амардта, уый: — Ай дын нарты лєвар у\ Куыннє бацин кодтаид Бедзенєг ахєм уазєгыл! Буцєй фєбадти фынджы уєлхъус Сослан, адємы цинєн кєрон нє уыди. Ємє цынє хъазт самадтой! 5 Сырдояы таурєгътє 65
Сослан сєм фєкасти, фєкасти, стєй Бедзенєгєн аф- тє зєгъы: — Бар ратт мєнєн дєр семє ахъазынєн. Бедзенєг ын бар радта ємє Сослан бацыди фа- тєй єхсджытєм. Райдыдта уый дєр фатєй мысан єхсын. Ємє-иу фат куы фехста Сослан, уєд, Бедзе- нєджы стыр хъєуєй дис чи иє кодта, ахєм иудєр нє уыд — уайтагъд та-иу мысан акъуырдта. Бай- хъуыст хабар Бедзенєгмє дєр. Ємє балєвар код- та Сосланєн диссаджы кард. Уый фєстє бацыди Сослан, ныхєй чи хєцыди, уыдонмє ємє семє хъазын райдыдта. Ємє-иу кєй ныццавта, уый-иу атылди. Фєхъыг ис уый Бедзенє- гєн: уыйас адєм — йє хъєуы, фєлє дзы Сосланыл ничи тых кєны. Єртыккаг бон хъазтмє бацыдис Арєхдзєу. Ємє адєм загътой: — Сослан махыл фєуєлахиз ис, ныр бафєлва- рєд Арєхдзєуимє. Бедзенєг дєр ницуал загъта. Уєд Арєхдзєу Сос- ланєн афтє: — Сымахмє, нартєм, уазєгыл фєтыхджын ує- вын худинаг у, махмє та — кад. Цєй ємє нє дыуує ды бафєлварєм. Сослан сразы ис. Раздєр бавзєрстой фєттє єх- сынєй. Адєм сыл єрємбырд сты ємє сєм диссагмє кєсєгау кастысты. Фєлє сє дыууєйє иу дєр не ’мбылдта. Сє сєрты-иу цъиу куы єрбацєйтахт, уєд- иу ын сє дыуує дєр йє цєстмє фєхъавыдысты ємє- иу єй сє дыуує дєр акъуырдтой. Уый фєстє райдыдтой сє кєрєдзийы уєхсчытєй цєвын, фєлє сє иу дєр нє фєцудыдта. Ємє куы бамбєрстой, ємдых сты, уый, уєд кєнгє єфсымєртє загътой кєрєдзийєн. Уєд Сослан афтє бадзуры: бб
— Хорз мє сбуц кодтат, Бедзенєгтє. Ємє кєд афтє у, уєд мє ног єфсымєр дєр мє хєдзар бабє- рєг кєнєд. Бедзенєг йє ныхмє ннцы загъта ємє йє фыртєн бар радта Сосланимє ацєуынєн. Дыккаг бон Сослан, Бедзенєджы лєвєрттє ра- хєсгєйє, нарты хъєумє єрбаздєхти. Арєхдзєу уыдис йемє. Сослан хорз федта Арєхдзєуы, йє арм ын фынгєн дардта. Стєй Арєхдзєу цєуыныл сси. Диссаджы лєвєрттє йын ракодта Сослан, суанг ма йын йє бєх дєр радта ємє йын буцєй «фєндараст» загъта. Сырдон зыдта уыцы хабєрттє, хъыг ын уыдис, йе ’знаг Сослан ахєм єфсымєр ссардта, уый ємє сфєнд кодта лєппуйы фесафын. Ємє Арєхдзєу йє хєдзармє куы раздєхти, уєд зєронд усы хуыз рай- ста, йє размє фєци ємє йын загъта: — Дє фєндаг — раст, лєппу! Хорз лєвєрттє ласыс дє фыдєн! Фєлє сє куы истай, уєд дє фысы- мєй цєуылнє ракуырдтай йє Цъилан-бєхы. Уазал бон дє хъарм кєнид, тєвд бон та — уазал. Арєхдзєу фєстємє раздєхти нарты хъєумє ємє фєдзырдта Сосланмє. Сослан єм рацыд, ба- фарста йє: — Цы ма дє ферох, Арєхдзєу? — Кєд мын єцєг лєвар кодтай, уєд мын дє Цъилан-бєхы цєуылнє радтай? Хъызт рєстєг мє хъарм кодтаид, тєвд заман — уазал. Хуыцау ын ма ныббарєд, уый дєуєн чи загъта, уымєн! Уый, Арєхдзєу, цавєр бєх у, уый зоныс? Мєйы балц иу бонмє сєххєст кєны. Ды та ахєм цыдыл ахуыр нє дє, фыдбылызы хос дын фєуы- дзєн. — Ау, Сослан, ахєм лєвар мын нє ракєндзынє? 67
Кєд уыцы бєх дєуєн бєззы, уєд мєнєн хъуамє цєуылнє сбєзза? Раласта Сослан авд дзыхъхъы бынєй Цъилан-бє- хы. Акодта йє Арєхдзєу донмє, афтє зєрдиагєй йє цынадта, ємє бєх єрттывтытє скалдта, стєй йыл саргъ сєвєрдта ємє араст и сєхимє. Адард ис Арєхдзєу нарты хъєуєй, ємє та зє- ронд лєджы хуызы йє размє фєци Сырдон. — Дєфєндаг— раст, лєппу!—загъта уый Арєх- дзєуєн.— Хорз лєвєрттє ласыс дє фыртєн, фєлє дє фысымєй Церечы згъєр цєуылнє ракуырд- тай. Єрбаздєхт та фєстємє Арєхдзєу Сосланмє ємє та йєм бадзырдта. Рацыд та йє размє Сослан: — Цы ма дє хъє^ы мєнєй, Арєхдзєу? — Гъе ныр ма мын Церечы згъєр куы ралєвар кєнис, Сослан, уєд дє стыр бузиыг уаин. — Йе ’взаг дур фестєд, дєуєн уыцы зонд.чи ба- цамыдта! — бакатай кодта Сослан. Фєлє уєлдай ницуал загъта ємє йе ’згъєр Арєхдзєуєн балєвар кодта, стєй йын загъта: — Фєндараст фєу, Арєхдзєу. Ємє ма дын исчи исты куы зєгъа, уєд-иу єй дєхимє єрбасай, єрцахс- иу єй ємє йє роцъойы бынмє цы ис, уый йын- иу фен. Ємє та фєндагыл Арєхдзєу фембєлди Сырдо- ныл. Уый райста єрыгон сылгоймаджы хуыз. Єф- сєрмыгєнгє кєсы сылгоймаг Арєхдзєумє. Лєппу дєр єм кєсы ємє йєм фєлмєн дзуры: — Ма єфсєрмы кєн, дє цєсгом мєм равдис. Єрыгон сылгоймаг йє коммє бакаст, равдыста йєм йє цєсгом ємє йын загъта: — Хорз лєппу, дзєбєх лєвєрттє ласыс уєхимє, фєлє ма дын цыдєр нє фаг кєны. 68
А -^№ ж\ ^е ^Ш Ш’!1 ^Щ; ШШн Арєхазєуы Мыд
— Цы ма мын нє фаг кєны? Зєгъ мын єй, хєс- тєгдєр мєм єрбацу,— загъта Арєхдзєу. Ємє йєм Сырдон єрыгон сылгоймаджы хуызы куы єрбахєстєг, уєд єй Арєхдзєу рацахста ємє йын йє ронєй фелвєста Донбеттырты лєвар кард. Сырдон алыгъди, фєлє ма уєддєр йє къухы зєгъын бафтыди: — Кєд афтє домбай дє, уєд ма Куан-єлдары чызджы дєхицєн усєн єрхєсс. Уый хуызєн дисса- джы чызг никуыма уыдис. Єрбаздєхт та Арєхдзєу Сосланмє: — Мєнє дын Донбеттырты конд кард. Сослан ын загъта: — Ехх, Арєхдзєу, Арєхдзєу! Ацы кардєй бєрєг у, Сырдон дыл-иу кєй-амбєлди дє фєндагыл, уый. Цы ма дын загъта? — Кєд, дам, лєг дє, уєд Куан-єлдары чызджы дєхицєн єрхєсс усєн. Ємє йє, Сослан, хъуамє єрхєссон, єндєр гєнєн мын нєй. — Ма бацу уыцы хъуыддаджы, Арєхдзєу,—загъ- та Сослан.— Сырдон фыдбылыз у ємє дє бабын кєндзєн. Фєлтау аздєх ємє дє фыд Бедзенєджы бафєрс. Арєхдзєу йє лєвєрттимє єрыздєхт йє фыдмє ємє йын загъта: — Єз цєуын Донбеттыртєм ємє сын хъуамє Куан-єлдары чызджы ракурон. — Байхъус мєм, мє фырт,— загъта Бедзенєг.— Хорз балцы цєуынвєнд не ’скодтай. Єз базєронд дєн. Куы амєлон, уєд мє мє зєххы хайыл чи сєм- бєлын кєндзєн? — Ма тыхс мєн тыххєй, мє фыд! Єз цы кєнын, ; уый зонын! —дзуапп ын радта Арєхдзєу. 70
— Уєд та дє нєртон єфсымєры демє акод- таис,— загъта та Бедзенєг. — Фєстємє ма йєм куыд аздєхон, мє фыд! Кєд мын истємєй тас уа, уєд ын-иу фехъусын кєн— Сослан мє йєхєдєг ардзєн,—загъта Арєхдзєу ємє Куан-єлдары бєстєм абалц кодта. Куан-єлдар та мадырдыгєй Сырдонєн хєстєг уыди. Арєхдзєу єм фєцєуы, уый куы базыдта Сыр- дон, уєд йє разєй Куан-єлдармє фєци ємє йын загъта: — Ме ’фхєрєг дєм єрбацєуы. Дє чызгмє дын єрбаминєвар йє зєрды ис. Мє маст дзы райс, фе- саф єй ме ’знаджы. Мєхєдєг лємєгъ дєн, ницы йын мє бон у. Изєрмє Арєхдзєу сємбєлди Куан-єлдары хє- дзарыл. Куы йєм бахєстєг, уєд бахъєр кодта: — Гъей, хєдзар, уазєг нє уадзут? Хєдзарєй рауади Куан-єлдары фырт ємє загъ- та Арєхдзєуєн: — Уазєг — хуыцауы уазєг, мидємє нєм рацу! Бацыд Арєхдзєу хєдзармє. Фынджы уєлхъус єй єрбадын кодтой, минас ын йє разы єрєвєрдтой. Уєд Арєхдзєу загъта Куан-єлдарєн: — Зєрдє дарыны бар мын ратт, уєд мын дзурын єнцондєр уыдзєн. — Алцємєндєр аргъ ис. Дзур, нє буц уазєг, цы дє зєрды ис? Ємє радзырдта Арєхдзєу йє балцы нысан. Куан-єлдар ын загъта: — Махмє нєхи єгъдау ис: єртє хатты дє хъє- батырдзинад равдис, ємє чызг — дєу. Єнєуи дын єй нє ратдзыстєм. — Хорз, ды куыд зєгъыс, афтє фєуєд,—сразы ис йемє Арєхдзєу. 71
— Уєдє райсом ацу Кєсаджы коммє ємє нын дзы дє чындзєхсєвмє иу кєсаг єрцахс. Райсом раджы Арєхдзєу ємє Куан-єлдары фырт фєраст сты Кєсаджы коммє. Сырдон дєр та сє разы фегуырд. Уайтагъд кєсаг рацахста, цєрдєг саг єй фестын кодта ємє йє Арєхдзєуы размє ар- выста. Арєхдзєу єй асырдта. Бахєццє сты єхсыры цадмє. Цадєн йє астєу — сакъадах, сакъадахыл — уєрджытєм кєрдєг. Саг уырдєм баленк кодта ємє йєхицєн кєрдєгыл хызти. Арєхдзєу єм фатєй фє- хъавыди ємє саджы фєцєф кодта. Саг єрхауди. «Ныр єй куыд рахєссон?»—асагъєс кодта Арєхдзєу ємє цады бараст и. Уайтагъд йє къєхтє йє фат- хъултєй дєлємє ныддур сты. Бахєццє Арєхдзєу цады астєумє ємє къєхтє уєрджытєм ныддур сты. Ємє ауыдта йє размє Сырдоны. Уый бахудт ємє йєм дзуры: — Куыд у, Арєхдзєу? Ды мыл хъаруйє фєтых дє, єз та дє хинєй фесєфтон. Бамбєрста уєд Арєхдзєу, цы йыл єрцыд, уый. йє ронєй систа йє фыды єгънєг, бакодта йє фатыл ємє йє фехста. Фат сємбєлди Бедзенєджы къєсє- рыл. Бамбєрста зєронд, йє фыртыл цыдєр бєллєх кєй єрцыди, уый ємє Сосланмє арвыста. Радзырдта лєгєн хабар, ємє йє уый єрмєст бафарста: — Кєцырдєм ацыди? — Куан-єлдары бєстєм. — Уєдє мын уєд Церечы згъєр ємє Цъилан- бєхы ратт, тагъддєр єм фєхєццє уыдзынєн. Радта йын сє Бедзенєг, ємє Сослан афєдзы фєндаг иу бонмє скодта. Куан-єлдары хєдзармє бахєццє Сослан ємє бахъєр кодта: — Ракєс-ма мєм єддємє, Куан-єлдар! 72
йє хъєрєй хєдзар барызти. Куан-єлдар йє размє рацыд. — Мидємє, хорз лєг! Ды хуымєтєджы уазєг нє дє. — Єз дє хєдзармє цєуын мє сєрмє нє хєссын. Фєлє ме ’фсымєр Арєхдзєу кєм ис, уый мын зєгъ,— рамєсты Сослан. — Мє фыртимє Кєсаджы коммє ацыдысты, єр- мєст сє хабар ницыма ис,— дзуапп радта Куан- єлдар. Сослан йє бєх Кєсаджы коммє фєцарєзта ємє уайтагъд уым балєууыд. Єхсыры цады раз баййєф- та хъєлдзєг адємы, уыдон кафыдысты. — Цєуыл кафут, цы хорз уыл єрцыди? — бафар- ста Сослан. — Цєуылнє хъуамє кафєм ємє цин кєнєм, Бедзенєджы фырт нын не ’лдары чызг курєг єрцыд, ємє йє Сырдоны фєрцы амардтам. — Ємє йє мард та кєм и? — бафарста сє Сослан. Адєм Сосланы Єхсыры цады размє бакодтой. Сослан Арєхдзєуы мард куы федта, уєд ныхъхъєр ласта: — Гъе, мєнє хєрджытє! Мєн дєр ує уый хъуыди! Сырдон базыдта Сосланы йє хъєлєсєй ємє адє- мєн загъта: — Уєхи дзы хъахъхъєнут, дурєй гуырд у! Йєхєдєг цъиу фестад ємє атахт. Фєлє єлдары адємєй Сослан иуы дєр нал ауагъта — ныццагъта сє. Єрцахста Куан-єлдарєн йє фырты ємє йє йє фыдмє єркодта. — Ныртєккє мын ме ’фсымєры мард ардєм єр- хєссут, кєннод дын дє фырты сєр лыг кєнын. 73
Цы гєнєн ма уыд Куан-єлдарєн дєр! Єрхєссын кодта Арєхдзєуы мард. Сослан мард Куан-єлдар ємє йє фырты єккой скодта ємє сын загъта: — Мє разєй цєугєут ємє зєронд фыдєн йє фырты мард раттут. Ахастой фыд ємє фырт Арєхдзєуы мард, Сослан ма йемє акодта Куан-єлдары чызджы дєр. Бахєццє сты Бедзенєгмє ємє йєм Сослан дзуры: — Мєнє ацы дыуує сты дє фырты марджытє, мєнє дын ацы чызг та, маргє йє кєй тыххєй акод- той, уый. Сарєзта Бедзенєг євзист зєппадз ємє дзы йє фырты мард бавєрдта. Куан-єлдар ємє йє фыртєн Сослан сє сєртє ракодта ємє сє Арєхдзєуы зєп- падзы бацєуєны єрцауыгъта. Бедзенєг рарфє кодта Сосланєн, єфхєрджытєй йе ’фсымєры маст кєй райста, уый тыххєй. Сослан Бедзенєгєн Куан-єлда- ры чызджы ныууагъта ємє йє хєдзармє раздєхт, Сырдонмє йє хєрамдзинад ноджы фєтыхджындєр, афтємєй.
СЫРДОН НЄНГАРД ЛЄДЖЫ КУЫД БАГЄДЫ КОДТА артмє иу мєнгард лєг уыди. Цыфєнды ны- хас-иу куы кодтой адєм, уєддєр-иу йє дзырд єнє баппаргє нє фєци, алкємєй та хъазгє кодта. Иу- хатт ныхасы бадгєйє Сырдонєй дєр ахъазынмє рахъавыд. Йє разы єрбадт ємє йєм дзуры: — Диссаг федтон, Сырдон. Дє диссєгтє уый раз ницы сты. Сырдон єм бакаст: — Цымє цы диссаг федтай? — Цуаны дын фєцєуын єрєджы,— дзурын рай- дыдта гєды лєг.— Хъєдрєбын дын мыл бирєгъ ам- бєлд. Куы мє федта, уєд йєхи фєзыхъхъыр кодта ємє мыл йєхи рауагъта. Кєсын ємє йє фєстє фє- зынди дыккаг бирєгъ дєр, уый фєстє — єртыккаг, цыппєрєм... Єз сє нымайын фєуагътон, айтє-уый- тє нал фєкодтон, хъєдмє балыгътєн ємє бєрзонд бєласмє сбырыдтєн. Фыртєссєй адєймаг гєды дєр фесты. Уєле єркастєн ємє бирєгътє фондз ємє ссєдз баисты... Сырдон єм йєхи нал баурєдта: 75
— Гєды фестадаис, уый мє уырны. Фєлє би- рєгътє фондз ємє ссєдз нє уыдысты. Лєг фєкъємдзєстыг: — Ссєдз дзы бєлвырдєй банымадтон. — Ссєдз дєр нє уыдаиккой,— нє саст Сырдон. — Ау фынддєс дєр нє уыдысты? — Нє уыдысты, нє,—мєстєй йє мардта Сырдон. — Уєдє дєумє гєсгє цал уыдысты? — смєсты гєды лєг. Сырдон бахудт: — Кєд уыд, уєддєр иу бирєгъ. Лєг єй цыма нє фехъуыста, уыйау йє ныхас дарддєр кодта: — Кєсын та дын ноджыдєр бєласы сєрєй мє алыварсмє ємє рагъы фале уынын хєрджыты рєгъау. Єз дын хєрєджы уаст ныккодтон. Мє уаст- мє рєгъауы хєрджытє иууылдєр ныууасыдысты. Фондз бирєгъы дын мє фєуагътой ємє хєрджытєм фесты. Дє фыдгул дєр — афтє: ныццагътой фондз бирєгъы хєрджыты. Сырдон єм нал фєлєууыд ємє йє фєрсы: — Ємє уєд хєрджытє та цал уыдысты? Лєг йє цєст дєр нє фєныкъуылдта ємє йын дзуапп радта: — Хєрджытє дєр фондз ємє ссєдз уыдысты. Сырдон йемє не ’сразы: — Бынтон гєды ныхас загътай. Уыййас нє уы- даиккой. Лєг та смєсты: — Уєдє дєумє гєсгє цал уыдысты? Сырдон иннєтєм бакаст ємє ныххудт: — Мєнмє гєсгє дзы иунєг хєрєг уыд эемє мє- нє раирвєзт,— зєгъгє йын йєхимє бацамыдта.
СЫРДОН ЙЄ УАЗЄДЖЫ ИУЫД ХЫНЦЫДТА изєр дын Сырдоны дуармє уазєг єрба- лєууыд: — Де ’зєр хорз, Сырдон! — Єгас цу ємє дє хуыцау амондджын уазєг фєкєнєд,— дзуапп ын радта Сырдон. Уазєг йє хабар ракодта: — Дард бєстєй бєлццон дєн, тар хъєдыл мє цєуын хъєуы, ємє мыл єризєр. Фысым мын фєу. Куыд ма аздєхтаид уазєджы Сырдон ємє йын загъта: — Уазєг — хуыцауы уазєг, мидємє рацу. Уазєг хєдзармє бацыд. Кєсы, ємє къєбицы иу сылгоймаг кєрдзынтє кєны. Уєд уазєг Сырдонмє бадзуры: — Бафєрсын аипп ма уєд, фєлє нарты бєсты фылдєр цы зайы: нартхор єви мєнєу? Сырдон фєдис кодта ємє загъта: — Сє дыуує дєр нєм хорз зайынц, нє буц уазєг. Фєлє мє ды цыма дзєгъєлы нє фєрсыс, афтє мєм кєсы. Уазєг бахудт: 77
— Бахатыр кєн, уазєг дзєгъєлдзых нє вєййы, фєлє кєрдзын мє ахсєнєн нє бєззы. Сырдон дєр йє мидбылты бахудт: — Алцыдєр ахуырєй у, нє буц уазєг. Єз та хє- бизджын куы бахєрын, уєд мє ахсєн йє кусынєй ныллєууы. Сырдон кєрдзынгєнєгмє йє цєст фєныкъуылд- та. Сылгоймаг фынгыл єрєвєрдта кєрдзын ємє ду- рыны дзаг нозт. Уазєг цалдєр нуазєны куы анозта, уєд хєрынмє фєкъєртт ємє кєрдзын иууылдєр ахордта. Иєхєдєг дзуры: — Єфсин, иу кєрдзын ма рахєсс. Єнхъєлдєн^ кєрдзын дєр мын хорз фидауы. Уазєг барасыг ємє дзєгъєл дзырдыл ахєцыд: — Єз чи дєн, уый зоныс, мє фєрныг фысым? Сырдон ын дзуапп радта: — Куыннє дє зонын, куыннє, мє буц уазєг! Ды Тутыры ємбал дє, Тутыр дєр цъаргєндтє йедтємє кєрдзын нє хєры. Уазєг йєхицєй ныббуц. — Ды мє уайтагъддєр бамбєрстай. Фєлє мын бирєтє мє хуызмє фєкєсынц. Сырдон та нуазєн рауагъта ємє йє уазєгмє авєрдта: — Уєдє ма дзы иу та дє хуызы тыххєй аназ. Уыцы ныхас цємєндєр расыг уазєгєн фєхъыг ис, ємє мєстыйє загъта: — Ды мын мє хуызмє ма кєс! Ды мє нырма нє зоныс... Єз чи дєн, уый зоныс?.. Сырдон ныуулєфыд: — Єрдєбонсарєй дыл мє зєрдє къєпп кодта, ды, єнхъєлдєн, Уастырджийы адємєй дє. Уазєг йє нуазєн анозта ємє йє риу ныххоста: — Цы сты Уастырджийы адєм мє цуры! Мєнєн
мє фырттє Уастырджийєн йє хєд фарсмє бадынц, уый зон! Сырдон ын йє афтид нуазєн райста ємє йын ар- фєгєнєгау загъта: — Хуыцауєй арфєгонд у дє байзєттєгтимє! Уазєг бынтондєр сцырен ис: — Гъеныр єй базыдтай, чи дєн, уый! Иу нуазєн ма мын авєр уєдє! — Нє, мє буц уазєг, єгъгъєд дын фєуєд,— загъта Сырдон ємє нозты дурын сылгоймагмє рад- та.— Цєвєр єй искуы, кєннод ма дзы а уазєг иуы хъєстє куы фєуа, уєд нын нє Уастырджийы йє бы- натєй фєтєрдзєн ємє дзы йєхєдєг єрбаддзєн. Амєн дєр ма нє куывтам!
СЫРДОН ЙЄ „САЙЄН ДЗИМЄТТЬГ ЄФСОН КУЫД тИДТА єд дын иухатт нарты хъалтє сфєнд кодтой Сырдонєй ахынджылєг кєнын. Сє иу дзуры: — Цєй ємє Сырдоны фєсайєм ємє йыл уый фєстє худдзыстєм. Иннє хъал лєг дєр зынєрвєссонєй загъта: — Єз цєуын ємє Сырдонєн цєхджын сайд акєндзынєн ємє-иу ыл уєд худут. Сбадти йє бєхыл ємє Сырдонмє араст хъал лєг. Куы бахєццє, уєд єм бадзырдта: — Ам дє цы, Сырдон! — Ам дєн, ам,— райхъуысти Сырдоны хъєлєс— Ды та кєцы дє? Сырдон рауади барєджы размє. — Дє бон хорз! +- загъта барєг. — Єгас цу! — салам ын радта Сырдон. — Єз дєу асайынмє єрбацыдтєн,— загъта ком- коммє барєг. Сырдон бахудти: — Ау, ємє ды мєн асайдзынє? — Фендзыстєм,— сєрыстырєй загъта барєг.— Цєй ємє хєснєгтє скєнєм. 80
— Хорз,—сразы Сырдон.—Фєлє мє сайєн дзау- мєттє мемє не ’сты ныртєккє. Мє хєлар мын сє знон иу боны ємгъуыдмє ахаста. Єнє уыдон ницы мє бон у. Барєг ахъуыды кодта ємє загъта: — Цєй, Сырдон, афтє бакєнєм: єз. дє куы асайон, уєд мын ды дє сайєн дзаумєттє ратт. Ды мє куы асайай, уєд та дын єз дзєкъулы дзаг сыз- гъєринтє ратдзынєн. — Хорз,— сразы ис Сырдон.— Єрмєст мын дє бєх авєр, єз ныртєккє мє сайєн дзаумєттє ардєм єрбахєццє кєнон. Барєг бєхєй рахызти ємє йє Сырдонмє радта: — Ай дын бєх, ємє дє сайєн дзаумєттє єрба- хєсс. Сырдон бєхыл абадти ємє цырд фєаууон ис. Тагъд рєстєгмє лєджы хєдзары балєууыд ємє йын йє усмє бадзырдта: — Дє лєг мє єрбарвыста мєнє йє бєхыл, дзє- къулы дзаг сызгъєринтє, дам, мыл тагъд сємбєлын кєн. Ус Сырдоныл баууєндыд, ноджы йє лєджы бєх куы базыдта, уєд ма цєуыл хъуамє фєгуырысхо уыдаид! Рахаста дзєкъулы дзаг сызгъєринтє ємє сє Сырдонмє радта. Сырдон бєх фєстємє фездєх- та ємє йєхи йє сусєг хєдзары баууон кодта. Хъал лєг фенхъєлмє касти суанг изєрмє, стєй Сырдон зынєг куы нє уыд, уєд бамбєрста, йє хъуыддаг хорз нєу, уый ємє уєнтєхъил, сєргуыбы- рєй сєхимє фистєгєй араст и. Куы бахєццє, уєд ус йє размє фєци: — Дє сызгъєринты дзєкъул дыл сємбєлди? — Цавєр сызгъєринты дзєкъул? Ус ыл сбустє кодта: 6 Сырдоны таурєгът* 81
— Уый та дын цы фарст у? Дє 0єхыл мєм иу лєджы не ’рбарвыстай дє сызгъєринты дзєкъулмє? Ємє йын сє єз дєр радтон. Лєг сєрдиаг кодта ємє йє сєр тымбыл къухтєй ныххоста. Ус фєтарсти: — Мє хєдзар фехєлд! Цы кодтам, цы бєллєх ныл єрцыди? Лєг єм дзуры: — Цы ма ныл єрцєуа! Нє бєх ємє нє сызгъє- ринтє фесєфтысты.— Ємє та йє сєр ныххоста.— Єдылы сєр, єдылы сєр, Сырдоны асайынмє чи хъа- выд, уыцы єдылы сєр!
СЫРДОН ЙЄ МАСТ КУЫД РАЙСТА хатт Сослан Сырдоны фєстє ахъуызыди, ай хєдзары цы ми фєкєны, уый мын єнє бабєрєг- гєнгє нєй, зєгъгє. Ємє диссаг федта: Сырдон го- баны фистєй иу цъар фєхицєн кодта, йєхєдєг дзы ныббырыди ємє схуыссыди. Уєд та дын иу изєр нарт ныхасы бадынц. Фєси- вєд фєхъуыстой хистєрты ныхєстєм, стєй сєхи иу- варс айстой, ємє сын Сослан афтє зєгъы: — Кєд ує диссаг фенын фєнды, уєд мемє цомут. — Ау, куыд нє нє фєнды! — схор-хор кодтой фєсивєд.— Мах цєттє стєм. Араст и Сослан, йє фєстє нарты фєсивєд, аф- тємєй. Бахєццє сты Сырдоны хєдзармє ємє сын Сослан куыд загъта, афтє єрємбєхстысты. Єхсєвє- ры фєстє та Сырдон гобаны цъар фелвєста, абырыд дзы ємє єрхуыссыд. Нарт кєрєдзимє бакастысты. Сырдонєн уайтагъд йє хуыр-хуыр ссыди. Сослан єм бахъуызыди ємє гобаны цъары ком фидар ба- баста. Нарт дєр мидємє бацыдысты ємє ємхуызо- нєй ныхъхъєр ластой: — Фєдис, нартыл сыгъд ссыди! 83
Сырдон хєрдмє фєхауд ємє зєххыл йє тъєпп фєцыди. Фестынмє куыд хъавыд, афтє та ноджыдєр йє ных зєхмє єрхаста. Дзєвгар фєтухєн кодта Сырдон, стєй Сосланы худын куы фехъуыста, уєд бамбєрста, хынджылєг дзы кєй кєнынц, уый ємє басабыр. Дыккаг бон нартмє хъєугуывд уыдис, ємє Сыр- донмє дєр єфсоны єрвыст бакодтой. Сырдоны раз- дєр цєуын нє фєндыдис, фєлє зноны хъуыддагйє зєрдыл куы єрбалєууыди, уєд йє маст рафыхти, ємє загъта: — Мє рихи даст уєд, нарт, єз ує мє маст куы нє райсон, уе ’фхєрд уын мє уєлє куы ныууадзон! Барєвдз кодта куывдмє йєхи Сырдон ємє араст и нартмє. Йє фєндаг акодта нартєн сє хос ємє сє хъємпы рєгъты рєзты ємє дзы иуєн йє кєроныл арт бафтыдта. Бахєццє нарты куывдмє Сырдон. Нарт єй куы федтой, уєд єй, сє худєг тыххєй уромгєйє, фєр- сынц: — Дє хорзєхєй, Сырдон, уый дє ных цємєй сцъєхтє ис? Сырдон єнкъардхуызєй афтє зєгъы нартєн: — Тагъд рєстєджы, нарт, ує холлагыл сыгъд цєудзєн ємє сыл рагацау мє ных ємє мє уєрджы- тє фєхостон,—йєхєдєг нартмє бакаст. Нартмє худєг фєкастысты Сырдоны ныхєстє ємє та йє фєрсынц: — Ємє нын нє холлєгтыл рагацау афтє цємєн фєхъыгтє кодтай? Сырдон дєр та сын дзуапп радта: — Уєдє цы бакодтаин, тарстєн, сыгъды рєстє- джы, зєгъын, мє къухы куы нал бафта хъынцъым кєнын. 84
Нарт ныххудтысты Сырдоны ныхєстыл ємє та дзы хъазынвєнд скодтой. Фєлє, дын, уалынджы кє- сынц, ємє хостє ємє хъємпыты рєгътє судзынц, сє арты пиллон уєларвмє кєлын байдыдта. Нарт афєдис кодтой рєгътєм, Сырдон та иунєгєй куыв- ды дзаг фынгтыл минасгєнгє баззад. Гъе афтє йє маст райста Сырдон нартєй.
НАРТ СЫРДОНЫ МАРЫНМЄ НУЫД ХЪАВЫДЫСТЫ заман нарты фєсивєд стєры ацыдысты, хъєуы ма баззадысты єрмєст дєр хистєртє, сыл- гоймєгтє ємє сывєллєттє. Сырдон дєр лєппу нал уыд ємє уый йє хєдзары баззад. Алы бон дєр-иу ныхасмє рацыд ємє-иу уым чи бадт, уыдонєй хын- джылєг кодта. Йє ных бакъуырєг ын нє уыд, ємє йє фыдмитєн кєрон нал уыдис. Уєд иу бон Уырызмєг афтє зєгъы: — Бирє нє фєхъазыдтє, Гєтєджы фырт, фєлє хистєртє стєм ємє дын барстам. Ныр дын нал ба- хатыр кєндзыстєм, єрмєст мє къодах куы баззайа, уєддєр дє фаг суыдзынєн, ємє дын єнємаргє нєй. Сырдон нйцы.сдзырдта, єрмєст йє мидбылты ба- худт ємє уайтагъд фєдєлдзєх. Чысыл фєстєдєр чидєр ныхасмє фєхабар кодта: — Сырдон хъєугєрон мардєй хуыссы. Рухсаг уєд... Нарты хистєртє кєрєдзимє бакастысты. Стєй та Уырызмєг загъта: — Нє фыдбылыз уыд рагєй дєр Гєтєджы фырт, 86
СЫРАОН ЙАХИ МАРЛ КУЬ’А СКОАТА.
ємє єгайтма йєхєдєг амарди. Йе ’гасєй йыл нє батыхстаиккам, фєлє нєм мард єнєфснайдєй ныу- уадзын худинаг у: адєммє ма цы цєсгом равдис- дзыстєм! Нє фєсивєд ам не ’сты, цомут ємє йє нєхєдєг баныгєнєм. Ацыдысты хистєртє, айстой семє сынт. Ссардтой Сырдоны, сынтыл єй сєвєрдтой ємє йє хъєумє ахастой. Хъєуы уынджы дзєвгар куы бауадысты, уєд Сырдон сынтєй рагєпп ласта ємє дзуры йє хєсджытєм: — Ує салам бирє, нє буц хистєртє, амєй фєс- тємє єнєхъиамєт ут. Ныр мєхєдєг фєндаг ссар- дзынєн, афтє дард куы нє цєрын,— ємє йє хєдзар- мє афардєг.
СЫРДОНЫ РУВАСДЗАРМ КУЫД НЄ ФЄЦИ ЄМЄ ЙЄ МАСТ НАРТЄЙ КУЫД РАЙСТА арты лєгтє уыдысты цуаны Гуымы быдыры. Фєцуан кодтой къорд боны, фєлє Єфсатийы хор- зєхтєй сє къухы ницы бафтыди. Фєстаг бон та цуан куы байдыдтой, уєд сє размє иу саудзарм, сызгъє- рин къєдзил рувас фєци. Фехстой йє сє фєттєй нарт ємє йє амардтой. Цуанєтты цинєн кєрон нал уыд ємє йє уайтагъд астыгътой. Рувасдзарм уыди ємбисонды рєсугъд, ємє нарт нє зыдтой, кємєн єй раттой, уый. Фєстагмє Сыр- доны бафарстой: — Кємєн хъуамє раттєм, Сырдон, ацы рувас- дзарм? Сырдон ахъуыды кодта ємє загъта: — Кєд нартєй исчи бафєраздзєн хуры аныгуыл- дєй хуры скастмє ихсєр хохыл, йє къухтє нє батав- гєйє, уєд царм уый фєуєд. Нарт сразы сты Сырдоны тєрхоныл ємє рады- гай райдыдтой ихсєр хохыл бадын. Фєлє нысангонд рєстєг уым ничи фєрєзта. Сє иуы хъуыддаг дєр куы нє ацыд, уєд Сырдон дєр бар ракуырдта хохыл фєбадынмє. 89
Нарт сразы сты, сєхинымєр хъуыды кодтой: «Нє фыдбылыз Гєтєджы фырт басидзєн, ємє дзы фер- вєздзыстєм»>- Схызти Сырдон хохы сєрмє ємє ихыл сбадти. Бады ємє єнхъєлмє кєсы. «Нє рувасдзарм Гєтє- джы фырты бауыдзєн»,— зєгъгє, нарт бакатай код- той. Рєстєг цыди. Хуры скастмє бирє нал баззади. Кєсы дын Сырдон ємє уыны: Гуымы быдыры арт су- дзы, цєхєртє калы. Сырдон нал фєлєууыд ємє хъєр кєны: — Тєхудиаг, ныр уыцы артмє йєхи мєнє афтє чи тавы! — ємє артырдєм азылди. Нарты дєр ма єндєр цы хъуыди ємє схор-хор кодтой: — Сырдон йє къухтє батавта!.. Рувасдзарм уы- мє дєр нє хауы!.. Сырдон ма бєргє дзырдта, фєлє йын уыцы єф- сонєй нарт сє рувасдзарм нал радтой. Смєсты ис Сырдон, бадардта уыцы хъуыддаг йє зєрдыл ємє нартєй йє маст райсыныл сфєнд код- та. Иуцасдєр рєстєг куы рацыдис, уєд сєм хон- джытє арвыста. Уыдон хъєуы єппєт цєрджытєн дєр загътой: — Абон Сырдонмє куывд ис, ємє ує йє хєдзар- мє хоны, ма фєзивєг кєнут. Нарт єрємбырд сты Сырдонмє ємє афтид фынг- ты уєлхъус сбадтысты. Єнхъєлмє кєсынц, уєдє цы уыдаид! Фєлє фысым єрєгмє куы уыд, уєд Сос- лан нал фєлєууыди ємє Сырдонмє дзуры: — Цєй-ма, кєд уыдзынє! Єви нє дє хєдзармє хус фынгтыл бадынмє єрхуыдтай! Сырдон єм йє мидбылты худгє радзырдта: 90
— Ныртєккє, мє буц уазджытє, ныртєккє, єз дєр сымах хъуыддаг кєнын. Єнхъєлмє та кєсынц нарт, афтид фынгты уєл- хъус бадынєй бафєлладысты. Уєд дын Сослан сыс- тад ємє бакаст, єфсинтє цы архайынц, уымє ємє федта: хєдзары иу къуымы — аг, иннє къуымы арт судзы. Сослан фєдис кодта: — Хынджылєггаг дын стєм, Сырдон, єви уый цы хабар у? Хєдзарєн йє иу къуымы — аг, иннєйы та — арт. Афтємєй дзидзатє кєд сфыцдзысты? Сырдон бахудт ємє нартєн афтє зєгъы: — Диссаг стут, нарт! Ємє уєдє єз, ихсєр хохы цъуппєй Гуымы быдыры цы арт сыгъд, уымє мєхи куыд тавтон? Бамбєрстой нарт, Сырдон сын цы ми бакодта, уый ємє єнкъардєй сє хєдзєрттєм фєцыдысты.
СЫРДОН НАРТЄН СЄ ДАРЄС КУЫД БАСЫ/ЪТА арт рагєй дєр мєсты кєм нє уыдысты Сыр- донмє ємє йын алы фыдбылызтє арєзтой. Иуахє- мы та йын йє нард фыс бахєрыныл сфєнд кодтой. Бацыдысты йєм ємє йын дзурынц: — Хуыцау дын хорз ракєнєд, Сырдон, фєлє райсом хъаймєт уыдзєн, ємє не ’ппєтєн дєр, уєл- лаг цы сныв кодта, уыцы кєрон єрцєудзєн ємє ма абоны цардєй иє къухы цы бафта, уый нєхи. Сырдон бахъынцъым кодта ахєм єнамонд уацыл ємє иартєн єнкъардєй загъта: — Табу стыр хуыцауєн, євзєр хабар мын фе- хъусын кодтат. Нє бон ма цы бауа, уый нєхи. — Уєдє бавдєл ємє нє хорз фен, дє фыр нын аргєвд, цы боны хорзмє ма йє дарыс? — загътой йын нарт. Сырдон бамбєрста, нарт ын цы хинми бакєнын- мє хъавынц, уый, фєлє ма цємєй сє ныхмє єрлєу- уыдаид! Ємє сразы ис, ницуал зєгъын ын бантысти. Нарт сєхицєй разы уыдысты, сє мидбылты ху- дынц ємє афтє бадзурынц: — Цалынмє нын Сырдон йє фыр цєттє кєна, 92
уєдмє уал нєхи истємєйты аирхєфсєм, стєй нєхи хорз фендзыстєм. Уєд чидєр загъта: — Цомут ємє уал нєхи доны асатєг кєнєм. Иууылдєр уыимє сразы сты ємє сєхи найынмє ацыдысты. Сырдон дзырд куыд радта, афтє йє фыр аргєв- ста, нарты сылгоймєгтєм фєдзырдта, уыдон єй ба- хєрзтє кодтой ємє йє аджы бафтыдтой. Арт куы бандзєрстой цєджджинаджы бын, уєд Сырдон дєр нарты фєдыл ацыди. Баййєфта сє сєхи найгє, сє дзаумєттє та доны был ныууагътой. Бахъуызыди Сырдон, сє дарєс сын єрємбырд кодта ємє сє йе- мє рахаста. Сєхимє куы бацыд, уєд сє цєхєры баппєрста, ємє басыгъдысты. Уалынмє дзидзатє сфыхтысты, Сырдон сє сивыр- мє систа. Сылгоймєгтє рєсугъд фынгтє єрєвєрд- той. Сырдон сєм сцыбєл, нартмє хонєг ацыдис ємє сын бамбарын кодта: — Мє буц уазджытє, фынгтє цєттє сты, єн- хъєлмє уєм кєсын. Уе ’фсинты дєр ма уын єрхуыд- тон. Мауал бафєстиат ут. Нарт донєй рацыдысты, сє дарєстє кєм ралае- той, уырдєм, фєлє сє уым нал ардтой. — Нє дзаумєттє цы фесты? — бафарстой нарт Сырдоны. — Ємє ма сє цы кєнут? Єз сє єрємбырд код- тон ємє сє арт бандзєрстон, дзидза сыл сфыхтон. Нарт єрдиаг байдыдтой: — Дє хєдзар фехєла, нє фыдбылыз Сырдон, ныр ма цы кєнєм уєдє?! Сырдон сє дисы бын фєкодта: — Цєуыл тыхсут? Райсом хъаймєт уыдзєн, цє- 94
мєн ма ує хъєуынц ує дарєстє дєр? Ує устытєй ма єфсєрмы кєнут, рацєут бєгънєгєй, єнхъєлмє уєм кєсєм, кєннод фынгтє цєттєйє лєууынц. Уыцы ныхєсты фєстє Сырдон сєхимє араст. Нарт изєрмє доны был ихєнєй мєлгєйє базза- дысты. Сырдон та сын сє сылгоймєгтимє нард фын- джы уєлхъус бадти ємє минас кодта.
СЫРДОН ТЄРХОН КУЫД РДТА мєгуыр лєг гєнахыл сис амадта. Иу заман цємєндєр зєхмє єркаст, йє сєр разылд ємє уыр- дыгєй расхъиудта. Уыцы рєстєджы йє бынты єрба- цєйцыд иу хъєздыг лєг. Чи рахауд, уый уыцы лєгыл сємбєлд ємє йє дзыхъмард фєкодта, йєхєдєг та єгасєй баззад. Хъєздыг лєджы єфсымєр мєгуыр лєгєй туг агурын райдыдта. Адєм се ’хсєн бацыдысты, уєдє сє бафидауын кєнєм, зєгъгє. Фєлє єфсымєр ницы ком лєвєрдта. Уєд ныхасы бар райста Сырдон ємє загъта: — Уадз ємє ацы лєг йє туг райса. Адєм фєдис кодтой Сырдоны ныхєстыл: — Хєрамдзинадєй фидыд хуыздєр у. Цємєн ма сє кєрєдзиуыл ардауыс? Сырдон дзуапп радта: — Кєд єй йе ’фсымєры туг афтє тынг райсын фєнды, уєд єй бауадзєм. Єцєг уый дєр зондимє бакєнын хъєуы. Схизєд ацы лєг гєнахы сєрмє. Мєнє йє туджджын та йє цурты фєцєйцєуєд. Куы <*
бахєццє уа йє бынмє, уєд ыл йєхи раппарєд ємє йє амарєд. Йє зынг кємєн бахуыссыд, уый єфсымєр ахъуы- ды кодта, стєй афтє зєгъы: — Ємє йыл куы нє сємбєлон, уєд нє ныппырх уыдзынєн? — Єнєзонд, ємє ацы лєг де ’фсымєрыл куы нє сємбєлдаид, уєд нє ныппырх уыдаид?! Уыйадыл єфсымєр йє тугисын ныууагъта. 7 Сырдоны таурегътє
СЫРДОН АГ КУЫД РАСАИДТА артєй иумє уыди хорз єрхуы аг. Сырдоны зєрдє йєм тынг єхсайдта, фєлє йє къухы ницы єгъдауєй єфтыд. Кургє дєр єй кодта, ивгє дєр, фєлє аджы хицау ницы ком лєвєрдта. Уєд єй иухатт Сырдон тыхтє-амєлттєй бєгєны фыцынєн ракуырдта. Йє хъуыддєгтє дзы бакодта, йєхимє цы чысыл єрхуы аг уыд, уыимє йє бахаста йє хицауєн. Йє сыхаг дисы бацыди: — Ацы чысыл аг та ма йын цы у? Мєнєн єй цє- мєн єрбахастай? — Дєу у, ємє уымєн,— дзуапп радта Сырдон. — Ау, куыд мєн у, єз дын иу аг куы радтон! — ницы ємбєрста хъуыддагєн сыхаг. — Иуныхасєй, дє аг цалынмє мєнмє уыд, уєд- мє йын ацы чысыл аг райгуырди,—цыма єцєг хъуыддаджы тыххєй дзырдта, афтє загъта Сырдон. Сыхаджы бауырныдта, бацин кодта ємє йє аджы єд «лєппын» айста. Рацыд иучысыл рєстєг, ємє та Сырдон сыхагєй аг ракуырдта. Сыхаг єй єнєзивєг радта ємє загъта: 98
— Дє къух хорз у, Сырдон, кєд та йын исты райгуыра, уєд мыл-иу єй дзєбєхєй сємбєлын кє. — Цытє дзурыс! — загъта Сырдон.— Дєхион дє къух ссардзєн. Рацыди бонтє. Сырдон сыхагєн аг нє хєссы. Сы- хаг йє агыл тыхсы ємє иу бон Сырдонєн афтє зєгъы: — Дє хорзєхєй, Сырдон, мє аг цы фєци? Сырдон єрєнкъард ис, йє сєр єруагъта ємє йын дзуапп радта: — Єнамонд хабар єрцыд. Єз дын єй хъєр кє- нынмє дєр нє хъавыдтєн, фєлє рухсаг уєд дє аг, амардис. Сыхаг єрбамєсты: — Ау, аг куыд амарди? Сырдон уєлдайхуызондєр нє фєци. — Уєдє куыд єнхъєлдтай, аргє чи кєны, уый мєлын нє зоны? Дє аг аргє-арын фєзиан ис. Ницуал загъта сыхаг ємє ныхъхъуытты уагъта Сырдоны.
СЫРДОН ХУЫЦАУЫ КУЫД АСАЙДТА уалдзєг Сырдоны бафєндыди мєнєу байта- уын. Єрцєттє кодта йє галтє, йє зєххы хай афєл- дєхта. Стєй рахаста йє мєнєуы мыггаг ємє йє бай- тауынмє куыд хъавыд, афтє скуывта: —Гъей, хуыцєутты хуыцау, не ’скєнєг хуыцау, ацыйаз мын мє мєнєу хорз єрзайын кєн ємє дыи дзы иу хайє дє ном ссардзынєн. Байтыдта мыггаг йє хуымы ємє йєм хорз базыл- ди. Диссаджы хортє єрзади уыцы аз нарты зєххыл, фесгуыхти Сырдоны мєнєу дєр. Бацин кодта, йє куывд кєй фєхъабыл ємє йє мєнєу хорз кєй єрза- ди, ууыл. Бавнєлдта йе ’фснайынмє ємє йє гонтє сє былтєй акалдысты. Ферох дзы хуыцау Сырдонєй, нє йын ссардта йє хъєздыг хорєй йє ном. Дыккаг аз уалдзєджы та Сырдон йє дзывыр адардта йє хайыл. Ємє та тауынвєнд куы скодта, уєд йє хуымы кєрон єрлєууыд ємє та хуыцаумє скуывта: —Ныббар мын, не ’скєнєг хыуцау, фарон дє кєй фєсайдтон, уый тыххєй. Фєлє дын барєй нє уыд- 100
дєн—хєдзарырдыгєй тыхстытє баййєфтон ємє ни- цы мє къухы бафтыд. Ацыйаз ма мє сараз ємє дын куывд мє фєллойє. Хорз та єрзадысты хортє уыцы аз дєр. Бирє мє- нєу бафснайдта Сырдон йє гонты, фєлє та йє хуыцауєн куывд саразын ферох. Єртыккаг аз дєр хатыртє ракуырдта хуыцауєй ємє байтыдта мєнєу йє зєххы хайыл. Фєлє уыцы аз хортє єппындєр не ’рзадысты, ницы єрхауд Сыр- донмє дєр. Йє хабар куы базыдта, уєд йє сины сєрыл єрхє- цыд, арвмє скаст ємє загъта: — Ницы кєны, хуыцау, єз дє дыуує сайды акод- тон, ды та єрмєстдєр иу сайд.
СЫРДОН БАГЄДЫ КЄНЫН КУЫД НЄ БШЫМДТЛ, КЄНЄ АЛЫТЫ АЛЫМБЕДЖЫ ЧЫЗДЖЫ ШРЄГЪ лыты Алымбег-иу стєры єдзухдєр нартєн сє раззаг уыд. Уєздандзинадмє та афтє арєхст, ємє-иу єнє бацингєнгє, єнє хорзєх никєйы ауагъ- таид. Кадджын уыд нарты єхсєн Алымбег. Фєлє йєхи єнамонд хуыдта — цот ын нє уыд. Ракуырдта авд усы ємє йын єрмєст євдємєй райгуырди чызг. Чысыл йедтємє нє рацыди, афтє Алымбег єрсади ємє амард. Баззадысты нарт єнє уынаффєгєнєгєй, сє хъуыддаг нал цыд иуырдєм дєр ємє сєфты къахыл ныллєууыдысты. Уєд се ’ртє кєстєры сфєнд кодтой: — Цомут Ацєты Ацємєзмє, нє зонынджын хи- стєртєй у, ємє йє бафєрсєм, дарддєр цы чындєуа, уымєй. Иу бон йє дуармє балєууыдысты. — Буцєй нын цєр, нє уарзон хистєр! — Хуыцауы хорзєх ує уєд, мєн ма чи єрємысы- ди! — загъта Ацємєз. — Бахатыр кє, Ацємєз, мах дєм фєрсынмє єр- бацыдыстєм. 102
— Мє уд ує фєхъхъау фєуа, зєронды бон ма цы у, зєронды! — бахудт Ацємєз. — Нє буц хистєр дє,— дзырдтой кєстєртє,— ємє нын бацамон: куыд цєрєм дарддєр, нарт нарты хуызєн нал сты. — Нартєн сєрхъуызой хъєуы. Єрємбырд ут, мє хуртє, иууылдєр ємє уєхицєн раздзєуєг равза- рут, євзаргє та йє ахєм мыггагєй ракєнут, ємє фєстаг рєстєджы нарты єхсєн номдзыддєр лєгтє кємєй уыд. Кєстєртє Ацємєзєн «бузныг» загътой ємє сын куыд бацамыдта, афтє бакодтой. Арвыстой алы ран- мє дєр фидиуєг, цємєй алы хєдзарєй дєр иу лєг єрцєуа нарты фєзмє. Лєг цы хєдзар нє рарвита, уый та йє чызджы цагъарєн куыд радта, афтє. Алымбеджы хєдзарєй чи ацыдаид, уый нє уыд. Бадынц йє авд идєдз усы чысыл сывєллоны авдєны алфамбылай ємє кєуынц, єрдиаг кєнынц: — Нарт-иу єнє мах лєг никуы ємбырд кодтой, ныр се ’хсєнмє махєй чи ацєуа, уый нєй, ємє нын нє хуры хайы цагъарєн байсдзысты. Саби хабар куы бамбєрста, уєд устыты фєрсы: — Ємє кєд ує лєг ахєм хъєбатыр ємє саг лєг уыд, уєд ын бєх, хєцєнгарз ницы баззад? — Лєгєн цы ємбєлы, ахєм бєх ємє йын хєцєнгєрзтє бєргє баззади,— дзуапп радтой ус- тытє. — Кєм сты? — бафарста та чызг. Бацамыдтой йын сє. Уєд чызг устытєн дзуры: — Мєхи йас кєрдзын мын скєнут. Уый куы ба- хєрон, уєд нарты єхсєнмє ацєуын мє бон бауы- дзєн. Устытє йын йє фєндон сєххєст кодтой. Чызг уайтагъд дынджыр кєрдзын ахордта ємє загъта: 103
— Стырдєр ма куы уыдаид, уєд тыхджындєр фестадаин. Уый фєстє чызг йє авдєн атыдта, сыстад ємє рацыд. Зєххы бынєй йє фыды бєх сласта, арыхъхъ- сапонєй йє цєхсадта, ємє бєх єрттывдтытє скалд- та. Стєй йє фыды дзаумєттє скодта ємє лєппуйы хуызєн сси. Рогєн ын райста йє хєцєнгєрзтє. Бє- хы рагъмє цъиуау стахти ємє устыты фєрсы: — Куыд фидауын? Бацин ыл кодтой уыдон, ємє йыл куыд нє бацин кодтаиккой — ахєм хєрзконд барєг сє никуы ма ни- чи федта! Фєлє бєх ахъуыды кодта: «Бєллєх мыл єрцыд, ныронг мє барджытє нарты хуыздєр лєгтє уыдысты, ныр та мыл цавєрдєр чызг сбадти». Бамбєрста йє Алымбеджы чызг. Єрбамєсты, бєхы ехсєй афтє єрцавта, ємє дурын быруйы сєр- ты цъиуау атахт. — Уый та дєм куыд фєкаст? —афарста чызг бєхы. — Мє зєрдємє цєуыс,— дзуапп радта бєх.— Дє фыд йє ныфс никуы бахаста уыцы дурын быруйы сєрты атєхынмє. Сємбєлди нарты фєзы Алымбеджы чызг. Нарт єй бєхыл бадгє куы федтой, уєд дис кодтой: — Алыты Алымбегєн фырт куы нє баззад, уєд ай цы хабар у? — Ємє йє бафарстой: — Чи дє? Дє бєх ємє хєцєнгєрзтє Алымбе- джы уыдысты, уый зонєм. — Ує фарн бирє уєд, нарт,— дзуапп радта чызг.— Раст зєгъут: бєх дєр ємє хєцєнгєрзтє дєр Алымбеджы уыдысты. Єз та Алыты Алымбегєн йє фырт дєн. Єз райгуырдтєн йє кєстєр усєй ємє мє мадырвадєлтєм цардтєн. Нартєн тынг єхсызгон уыди. Стєй йєм хистєртє 104
СЫРДОН БАГЛДЫ КЄНЫН КУЫД НЛ Б АКУЫМЙГА.
бадзырдтой ємє йемє ныхас кєнын райдыдтой. Бамбєрстой, єххєст у алцємєйдєр, ємє чидєртє загътой: — Алымбеджы фырт не ’хсєны куы цєрид, уєд нын раздзєуєгєн хорз уаид. Фехъуыстой уыцы ныхєстє нарты хистєртє ємє сфєнд кодтой, фєуєд нын Алыты Алымбеджы фырт раздзєуєг, зєгъгє. Бирє рєстєг нє рацыд, афтє нарт фєстємє нар- ты хуызєн сысты. Йє фыдау зонынджын уыди йє байзєддаг дєр. Фєлє нартєн Сырдон йедтємє фыдбылыз чи уыд! Уый хабар бамбєрста ємє сфєнд кбдта нарты хорз цард фехалын. Иу бон дын рацыди ныхас- мє, йє худ зєххыл ныццавта ємє дєлгоммє схуыс- сыди. — Уєлємє сыст, Сырдон! — дзурынц єм ныхасы бадджытє.— Ды та нын цыдєр хий єрхъуыды код- тай. Зєгъ єй! Дзурынц єм иу хатт, дзурынц дыккаг хатт, фєлє сєм Сырдон кєсгє дєр не ’скодта. Уєд уынаффє рахастой: — Цєй ємє йє доны баппарєм. Уєд Сырдон рабадти, йє сєрыл дыуує къухаей ныххєцыд ємє мєстыйє загъта: — Цы ує хъєуы мєнєй, хъал нарт? Ує худинаг ємбарут ємє та мыл ує маст калут? Нарт ныддис кодтой: — Цавєр худинаг? Цытє дзурыс? — Цытє дзурын, уый зонут,— дзуапп сын радта Сырдон.— Ує быныхъєр рацыд, уе ’сєфт єрцыд — уєхицєн разамонєг сылгоймаг равзєрстат. Нарт ныххудтысты: — Бындарєг дє ма уєд, Сырдон, цы та єрхъуы- 106
ды кодтай! Єви дын нє хорздзинад цєстысындз у? — Сымах куырм стут, стєй уыл фындз нєй, уын- гє дєр ницы кєнут ємє ємбаргє дєр,—загъта уыцы мєстыйє Сырдон ємєнарты єхсєнєй ацыди. Єрсагъєс кодтой нарт: — Кєд нє раздзєуєг єцєг у сылгоймаг, уєд нє худинаджы дуг єрцыди. Базонын єй хъєуы. Ємє Алымбеджы чызгмє фєдзырдтой: — Курєм дє, ємє дєхицєн ус ракур. Хъуамє дын байзєдтаг уа, дєуєн дєр ємє махєн дєр. Алымбеджы чызг сын загъта: — Цы ємбєлы, ахєм зынгє хъуыддагєй ницы ма сарєзтон, ємє уал мын ємгъуыд раттут. Стєй мын мє фыд дєр афтє бафєдзєхста: ус ракурынмє, дам-иу, ма батагъд кєн. Нарт йемє не ’сразы сты: — Нє хъуыддєгтє хорз цєуынц, уый тыххєй ма тыхс ємє дєхицєн ус ракур. Цы ма загътаид Алымбеджы чызг нартєн ємє йє бєхєн бамбарын кодта: —Мє иузєрдион ємбал! Нал нын ис нарты єхсєн фєцєрєн. Худинаджы бєсты цом ємє искуы нє сєртєфесафєм. Уый адыл Алымбеджы чызг балцы араст и. Цас фєцыдаид, чи зоны, Алымбеджы чызг! Уа- лынмє йыл амбєлди иу урсрихи барєг. — Кєцырдєм цєуыс, мє буц хистєр? Кєд дын єз дєр ємбалєн сбєззин фєндагыл,— дзуры та йєм чызг. Лєг ын дзуапп радта: — Сау денджыз ємє Урс денджызы єхсєнмє цєуын. Кєсын, ємє дє бєх Алымбеджы бєх у, дє хєцєнгєрзтє — Алымбеджы хєцєнгєрзтє. Чи дє ды та ємє кєдєм цєуыс? 107
— Єз Алымбеджы фырт дєн, бєх дєр ємє хє- цєнгєрзтє дєр уый сты,— дзуапп ын радта чызг. Бацин кодта зєронд лєг. Уый та уыдис Алымбе- джы кєнгє єфсымєр Уастырджи. — Мах дє фыдимє иумє бирє цєхх ємє кєр- дзын бахордтам, ме ’фсымєр у. Кєдєм дарыс дє фєндаг? — Єз мєхицєн усаг агурын,— загъта Алымбе- джы чызг. Уастырджи ахъуыды кодта ємє афтє зєгъы: — Цом уєдє мемє денджызы былмє. Уым Єр- хуы мєсыджы цєры иу рєсугъд ємє йын кєд исты амал скєниккам. Ємє иумє араст сты. Фєндагыл та сыл амбєлди иу барєг. Салам сын радта: — Ує фєндаг — раст! — Дє хъуыддаг — раст, мє фыды кєнгє єфсы- мєр! — дзуапп ын радта Алымбеджы чызг. Барєг бацин кодта хионау Уастырджийыл ємє Алымбеджы чызджы бафарста: — Ємє ды кєй лєппу дє? — Єз Алыты Алымбеджы фырт дєн,— загъта чызг. — Уєдє уєд єцєг мє кєнгє єфсымєры лєппу куы дє,— бацин кодта барєг.— Мєнє Уастырджи, ємє єз — уєларвон Уацилла, єцєг стєм дє фыды єрдхєрдтє. Куыннє бацин кодтаид чызг йє фыды кєнгє єф- сымєртыл! Уастырджи радзырдта Уациллайєн сє фєндаджы сєр, ємє уєд єртєйє араст сты денджызы былмє Єрхуы мєсыджы рєсугъдмє. Бахєццє сты Єрхуы мєсыгмє, фєлє йєм бацє- уєн нє уыди — йє алфамбылай бєрзонд быру, чызг 108
та царди мєсыгєн йє тєккє фаллаг хатєны. Йє ба- каст — хуры рухс, йє цєстєнгасєй низтє дзєбєх кодта. Цєуынц єртє барєджы ємє тєрхєттє бай- дыдтой: — Зын рахєссєн у Єрхуы мєсыджы рєсугъд,— загъта Уастырджи,— фєлє не ’рдхорды фыртєн куы нє баххуыс кєнєм, уєд цы зєгъдзєн Алымбег? — Раст зєгъыс, Уастырджи,— дзуры йєм Уацил- ла.— Єз ахєм уарын, ахєм дымгє рауадздзынєн, ємє арв ємє зєхх кєрєдзийы хойдзысты, нызмєл- дзєни Єрхуы мєсыг. Фєтєрсдзєн Єрхуы мєсыджы рєсугъд ємє уєд рудзынгєй ракєсдзєн. Уый бах- хуыс мє бон у ме ’рдхорды фыртєн. — Єз та уєдє,— дзуры Уастырджи,— цєргєс фестдзынєн. Єрхуы мєсыджы рєсугъд йє рудзын- гєй куы ракєса, уєд єй раскъєфдзынєн. Стєй-иу лєппу йєхєдєг сарєхсєд. Єрлєууыдысты єртє барєджы Єрхуы мєсыджы раз. Уацилла ахєм къєвда, ахєм дымгє рауагъта, ємє арв ємє зєхх кєрєдзийы хойын райдыдтой. Єрхуы мєсыг талайау банкъуысыди. Ракасти Єр- хуы мєсыджы рєсугъд. Уастырджи та цєргєсы хуы- зы йє сєрмє бадт, чызджы куы ауыдта рудзын- гєй ракєсгє, уєд ыл йєхи ныццавта ємє йє ра- хаста. Алымбеджы чызг Єрхуы мєсыджы рєсугъды бєхмє фелвєста, бєхы єрцєфтє кодта ємє уырды- гєй рафардєг сты. «Чызджы скъєфгє бєргє ракодтам,— хъуыды кєны Уастырджи,— фєлє йє кємєн раскъєфтам, уый йєхєдєг дєр чызг куы у. Баххуыс сын хъєуы». Изєры иу бєласы бынмє бахєццє сты. Уастыр- джи дзуры: 109
— Ам ує фєллад суадзут, мах та дарддєр цєуєм. Стєй йє дзыппєй фєткъуы систа, Алымбеджы чызгмє йє радта: — Ацы фєткъуыйєн йе ’ппытє ды бахєр, йє фєлмєн та йын де ’мбалєн бахєрын кє. Алымбеджы чызг фєткъуыйы єппытє бахордта ємє лєппу фестад. Єхсєвы йє усимє бєласы бын фєци, райсомы нарты єхсєнмє ацыд. Куыннє йыл бацин кодтаиккой нарт, Алымбеджы фырт нєм єд ус фєзынди, зєгъгє, ємє Сырдонмє фесты: — Худинаг дын фєуєд, Сырдон, єдзух нын фыд- былыз ємє масты хос дє, ныр та нє нє раздзєуєгыл ардыдтай! Сырдон бахудт ємє афтє зєгъы: — Ємє цы? Мєнєн дєр мє сагъєс ууыл уыди, ємє кєд исты амал єрцєуид, цємєй нє раздзєуєг чызг лєппу фестадаид. Сымах та мє къуыммє ба- тардтат. Гъе афтє Сырдон зылын кєнын нє бакуымдта.
СЫРДОНЫ АРДЫДЄЙ НАРТ СЄ ХИСТЄРЫ КУЫД АМАРДТОЙ артєй хорз лєг-иу уайтагъд Сырдонєн цєс- тысындз фестад. Уыдон ма разагъды мыггаг куы уыдысты, уєд се ’хсєн кадджынєй царди Дзылы. Цы — йе ’гъдау, цы — йє бєрєчет,— иудзырдєй, нартєн тынг уарзон уыди. Иузаман нартыл єххормаг аз скодта, ємє сыдєй мардысты. Нє сын бацауєрста Дзылы йє мулкыл, стєй йєхєдєг дєр смєгуыр, амєлын йедтємє йын ницуал хос уыди. Иу райсом дын йє фыртмє ба- дзырдта ємє йын афтє зєгъы: — Бирєгъы йє къєхтє дарынц, мє хур. Афтє куы бадєм, уєд нын ничи ницы єрхєсдзєн. Фєлтау фєцу ме ’рдхорд Уацилламє ємє йын нє уавєр бам- барын кєн. Афтид армєй дє нє рауадздзєн. Дызєрдыггєнгє рацыд йє фыды разєй Дзы- лыйы фырт ємє бафарста къулбадєгусы. Уый йын загъта: — Ма тыхс, нєртон лєппу. Уєлє ма цармє схиз, уым ис зєронд бєхы єрчъиаг, бынмє йє єрис, єртє хатты йє єрцєгъд. Стєй-иу скув: «Хуыцєутты хуы- ш
цау, ме ’скєнєг хуыцау, ацы єрчъиаг цы уыд, уый йє фестын кєн!»— Кєд ма хуыцау нарты хуыцау у, уєд дын єрчъиаг фестдзєн бєх, цы уыд, уымєй авд хатты хуыздєр бєх. Уый Уастырджийы євсургътєй уыди. Уайтагъд ыл-иу абад ємє дє бынатмє фєхєц- цє кєндзєн. Уациллайы раз куы єрлєууай, уєд дє дє фыды єнгєсєй базондзєн. Алы лєвєрттє дын кєндзєн, фєлє-иу дзы мацы баком. Стєй дын зєгъ- дзєн: «Єнє исты лєварєй мє куы ацєуай, уєд дыл чи баууєнддзєн, уєларвы Уацилламє уыдтє, уый? Стєй дє фыдєн цы зєгъдзынє? Цєуылнє йын сєх- хєст кодтай йє дзырд?» Ємє-иу уєд Уациллайєн зєгъ: «Кєд мын єнє лєвар ацєуєн нєй, уєд мын, дє хордоны фєсдуар цы зєронд кєфой лєууы, уый ратт». Уый дын кєфой ратдзєн, ємє уєд євєстиа- тєй уєхимє уай. Уыцы кєфой цы хєдзары уа, уымєн йє хорєн сихсийєн никуы ис — уєле исгє, бынєй ахадгє у... Схызт Дзылыйы фырт цармє, єриста дзы єр- чъиаг, єртє хатты йє єрцагъта, хуыцаумє скуывта, ємє йє разы диссаджы євсургъ фестад. Лєппу йыл абадт ємє йєм дзуры: — Тагъд мє уєларвон Уацилламє фєхєццє кєн! Уадидєгєн єрлєууыд Уациллайы раз. Уацилла базыдта Дзылыйы фырты, хорз єй федта, стєй йє бафарста: — Цы хур, цы къєвда дє єрбахаста мє бєстєм? Ємє йын Дзылыйы фырт йє хабєрттє радзырд- та. Бакодта Уацилла уазєджы йє къєбицмє, йе дзаг хордонтєм. — Адон иууылдєр дєу фєуєнт,— загъта Уацил- ла йе ’рдхорд — Дзылыйы фыртєн. — Уыдон ахєссын мє бон нєу,— дзуапп ын рад- 112
та лєппу.— Фєлтау уєртє фєсдуар цы зєронд кє- фой ис, уый мын балєвар кєн. Уацилла ралєвар кодта зєронд кєфой, ємє Дзы- лыйы фырт уайтагъд сєхимє єрбалєууыд. Фыд єй федта ємє єрєнкъард: — Єз дє, гормон, хормє арвыстон, ды та цыдєр зєронд кєфой єрхастай. — Тєрсгє ма кєн, мє фыд. Тєккє райсом єй фендзынє, ай цавєр кєфой у, уый,— йєхєдєг хор- донмє баппєрста кєфой ємє дуар сєхгєдта. Дыккаг бон байгом кодта Дзылыйы фырт хордон ємє диссаг федта — хордон йє тєккє дзаг уыди хо- рєй. Бацин кодтой нарт, алчидєр цыди Дзылыйьг хєдзармє ємє йєхицєн хор ласта, цас єй хъуыд, уыйас. Єрмєстдєр нарты фыдбылыз Сырдоны єхсєв дєр хуыссєг нал ахста, мєстєй тъєппытє хауди Дзылыйы бєркадмє ємє йє фесафын фєнд скодта. Сырдон Дзылыйы ныхмє архайын райдыдта. — Цємєн ма бєззут, нарт, ныр сымах? Сєгад стут. Уєлємє ацєуай — Дзылыйы фырты хорз кой. Дєлємє ныццєуай — Дзылыйы фырты хорз кой. Ра- хизмє ацєуай, єви галиумє — уєддєр та уыцы кой. Сымах та ма цы кад ис?! Цємєн ма у ує цард дєр, кєд ємє ує ном нал ис, уєд? Ницы дзуапп радтой нарт. Уєд та иу бон Дзылы йє фыртєн загъта: — Хор нєм бирє ис, фєлє нєм фос нєй. Фєцу уєларвон Фєлвєрамє, кєддєр ме ’рдхорд уыд, иу- мє бирє цєхх ємє кєрдзын бахордтам. Уый дє єнє лєвар нє рауадздзєн. Лєппу та ацыдис къулбадєгусмє ємє йын йє хабєрттє ракодта. Ус ын загъта: 8 Сырдоны таурєгътє иа
— Схиз та мє цармє, райс та уыцы єрчъиаг, єв- сургъ єй фестын кєн, ємє дє уый Фєлвєрамє фє- хєсдзєн. Фєлвєра дыл цинтє байдайдзєн, лєвєрт- тє дын кєидзєн, фєлє-иу уымєй дєр мацы ком. Ие ’скъєты цары астєуыккаг хъайваныл ємбєхст ис иу бєрз уис, ємє дзы-иу уый бацагур. Уыцы уис цы ран уа, уым фосєй бацєуєн нє уыдзєн, цасфєнды дзы куы тєрай, уєддєр. Лєппу схызти цармє, райста єрчъиаг, євсургъ єй фестын кодта ємє уайтагъд Фєлвєрамє балєу- уыд. Цинтє систа Фєлвєра йе ’рдхорды фыртыл, ку- сарт ын акодта ємє йє хорз федта. Стєй Фєлвєра райдыдта лєппуйєн лєвєрттє кєнын. Єрмєст уый ницы комы. Стєй йє куынєуал уагъта, уєд дзы бєрз уис бацагуырдта. Радта йын Фєлвєра уыцы уис, ємє лєппу уайтагъд сєхимє єрбалєууыд. Дзылы йє фырты афтидєй єрыздєхгє куы фед- та, уєд та єрєнкъард ємє йє фєрсы: — Куыд хус къухєй єрцыдтє, лєппу? — Ма тыхс, мє фыд. Райсом фендзынє мє лє- вєрттє. Дзылыйы фырт райста уисой, ныммарзта се ’скъєтты стырдєр, сєвєрдта хъайваныл бєрз уис ємє дуар фидар сєхгєдта. Дыккаг бон лєппу райсом раджы фестад ємє бауади скъєты размє. Бакодта дуар ємє федта дис- саг — скъєт йе ’дзаг уыди алыхуызон фосєй. Бацыди Дзылы дєр, федта уыйас фос ємє куыд нє бацин кодтаид! Стєй сє ратардта нарты быдыр- тєм. Схъєздыг та сты нарт. Куыд нє єппєлыдаик- кой Дзылы ємє йє фыртєй! Алы фынгыл Дзылыйы хистєрєн бадын кодтой. Єрмєст та Гєтєджы фырт Сырдон йєхицєн бы- 114
нат нал ардта, цыма йын исчи йє зєрдєйы хъама фєтъыста, уыйау зын ын уыди Дзылыйы ємє йє фырты хорздзинад. Йє марг євзаг та рауагъта даргъ, нарты та ардауын райдыдта Дзылы ємє йє фыртыл. Ємє иухатт загътой ныхасы Дзылыйєн: — Дє фырт єцєг лєг сси. Дєу дєр ємє мах дєр скадджын кодта. Єрмєст ма дын Сау хохы єлдары кєрц куы єрхєссид, уєд хорз уаид: хъуамє дыл дє намысмє гєсгє дзаума дєр уа! Єикъардєй єрбаздєхт сєхимє Дзылы, зыдта йє, нарт дзы домгє кєй кєнынц, уый. Бадзырдта йє фыртмє ємє йын загъта: — Гєтєджы фырт Сырдон нын нє быныхъєр уадздзєн. Нарты ныл сардыдта. Дєхи балцмє ба- цєттє кєн. Сау хохы єлдармє фєцу, ис ын кєрц ємє мын єй єрхєсс. Єндєр гєнєн нєй. Афтє у нарты уынаффє. Куы нє сын сєххєст кєнай сє фєндон, уєд фєхудинаг уыдзыстєм. — Хорз,— дзуапп радта лєппу.— Абон — къуы- рисєр, кєд иннє къуырисєры нє фєзынон єд кєрцг уєд мєм-иу мауал єнхъєлмє кєс. Ємє та ацыди къулбадєгусмє. Радзырдта йын йє хабєрттє. Уый дєр ын загъта: — Бєллиццаг хъуыддаг дын нє бахєс кодта дє фыд. Сау хохы єлдарєн йє рєзты нырмє ауайын дєр ничи бауєндыд. Бєрзонд айнєгыл ис йє мєсыг, ємє йєм єрмєст иунєг фєндаг цєуы. Уыцы фєндаг хъахъхъєнынц авд єфсєндзых бирєгъы. Айнєгыл бадынц авд єфсєнбырынкъджын цєргєсы. Фєнда- гыл цєуын нє, фєлє цъиу атєхын дєр нє уадзынц уыдон. Цємєй мєсыгмє бахауай, уый тыххєй та авд єфсєндуарыл бахизын хъєуы. Єцєгєлон адєймаг сє гом дєр ємє єхгєнгє дєр не ’скєндзєн. Єз дын мєсыджы онг бацєуєнтєн баххуыс кєндзынєн. Фє- 115
лє єлдаримє дєхєдєг арєхс. Хъус мєм: аргєвд авд фысы, авд гогызы, ноджы демє айс авд стыр дымє- джы. Куыддєр Сау хохы єлдары мєсыгмє фєцєй- хєццє кєнай, афтє дыл єфсєндзых бирєгътє сєхи ныццєвдзысты. Ды сє-иу алкємєндєр иу фыс ратт ємє дє уєд нал бахъыгдардзысты. Стєй дыл сєхи рауадздзысты єфсєнбырынкъ цєргєстє. Ды-иу сє алкємєндєр иу гогыз ратт. Уыдонєй дєр та аирвєз- дзынє ємє мєсыджы дуєрттєм бахєццє уыдзынє. Бавдєл ємє-иу дымджытєй дуєрттє хорз байсєрд. Дуєрттє байгом уыдзысты, ємє уєд мидємє згъор- гє. Євдєм дуарыл куы бахизай, уєд єлдар дє раз- мє фєуыдзєн, стєй — дє лєгдзинад ємє дєхєдєг. Куы дыл фєтыхджын уа, уєд дє бирєгътєн аппар- дзєн, намє йыл ды куы фєтых уай, уєд ын-иу йє кєрц йє уєлєйє ралас, єндєр-иу мацємє бавнал ємє фєстємє згъоргє, цалынмае цєргєстє ємє би- рєгътє єфсєст уой, уєдмє куыд раирвєзай, афтє. Райста та Дзылыйы фырт царєй єрчъиаг, єф- сургъ єй фестын кодта ємє, йемє авд фысы, авд го- гызы ємє авд дымєджы айсгєйє, Сау хохы єлдары мєсыджы цур балєууыд. Уайтагъд йє размє фесты авд єфсєндзых би- рєгъы. Аппєрста сын лєппу фєйнє фысы ємє дард- дєр цєуы. Сєхи йыл рауагътой авд єфсєнбырынкъ цєргєсы. Аппєрста та уыдонєн дєр фєйнє гогызы ємє уайтагъд фыццаг єфсєндуармє бахєццє. Бай- сєрста дуар иу дымєгєй, ємє дуар фегом. Байсєр- ста иннєты дєр, ємє уыдон дєр байгом сты. Євдєм дуарєй куы бахызти, уєд єлдар йє размє фєци. Дзылыйы фырт ыл йєхи ныццавта. Хєст сын бацай- дагъ ис. Дзылыйы фырт иузаман єлдары зєххєй фєхи- цєн кодта, хєрдмє йє систа ємє йє йє быны єркод- 116
та. Стєй йын йє кєрц йє уєлєйє фелвєста ємє лидзынмє фєци. Єлдар єрчъицыдта, кєсы, ємє йє кєрц дєр нал ис, лєппу дєр фесєфт, ємє уєд дуєрттєм батахт: — Цы фєци уыцы лєппу, цємєн єй ауагътат? Дуєрттє йын дзуапп радтой: — Куыннє йє ауагътаиккам, нє цєргє-цєрєн- бонты нє уыцы лєппу фєкодта сойы хъєстє. Дєу цас фєхъахъхъєдтам, ємє нє згє фєхордта. Разгъордта мєсыгєй єлдар ємє йе’фсєнбы- рынкъ цєргєстєм дзуры: — Тагъддєр, уыцы гаууыры баййафут ємє йє ныммарут, мє кєрц мын фєхєссы! — Фыдєй-фыртмє дє фєхъахъхъєдтам ємє дє хєдмєл цъиуєй дєр никуы фєхъєстє стєм. Уый та нє алкємєндєр нард гогыз радта, ємє йє уєд хъуа- мє цємєн амарєм? Уєд єлдар єфсєндзых бирєгътєм хъєр кєны: — Гъей, мє бирєгътє, мє кєрц мын фєхастєуы, аййафут єй ємє йє бахєрут. Бирєгътє йын дзуапп радтой: — Дє бонєй уай, єлдар, цємєн бахєрєм нє хєрзгєнєджы? Цас дын фєлєггад кодтам, ємє нын стєг дєр никуы раппєрстай. Уыцы лєппу та нє ал- кємєндєр нард фыс балєвар кодта! Ахаудта зєххыл дєлгоммє єлдар ємє нык- куыдта. Єрласта Дзылыйєн йє фырт Сау хохы єлдары кєрц. Ємє нарты єхсєн уыцы кєрцы мидєг куы єрбадти, уєд Сырдон фырмєстєй фєцєймарди, хъыг ын уыди, Дзылыйы. фырты фесафын йє бон кєй нє баци, уый. Ногєй та систа йє хинмитє кєнын Сыр- дон, йє фыдбылызтє нє уагъта. Уєд та дын иухатт нарт ныхасы бадынц, сє 117
уєле — Дзылы йє кєрцы мидєг. Ємє дын Сырдон райдыдта йє хинєйдзаг ныхас: — Дєу хуызєн кадджын, де ’мсєр лєг не ’хсєн нє уаид, Дзылы, гъеныр ма Уастырджийы бєх дє къухы куы бафтид. Кєд дє фырт афтє сєрєн у, уєд дын хъуамє уыцы бєх дєр самал кєна. Ємбал кє- мєн нєй, ахєм лєг куы басгуыхис! Сырдоны уырныдта, Дзылыйы фырт Уастыр- джийы бєх кєй нє самал кєндзєн, уый. Єнкъардєй та єрцыд сє хєдзармє Дзылы: — Гєтєджы фырт Сырдон та ныл нарты сардыд- та, ныр та нын Уастырджийы бєх амал кєнын кєны. Фєцу Уастырджимє ємє мын дзы бєх ракур. Лєппу єрчъиагєй єфсургъ фестын кодта ємє Уастырджимє балєууыд. Уастырджи йєм байхъуыс- та ємє йын йє бєхтєй иу радта. Лєппу уыцы бє- химє куы єрыздєхт, уєддєр та Сырдон не ’рынцад, сардыдта та Дзылыйыл нарты: — Дє хуызєн нал ис, Дзылы, ацы дунейыл. Єр- мєст ма дє хуыцауы рихитєй куы уаид, уєд дєхє- дєг зєххон хуыцау уаис. Фєцыди та Дзылыйы фырт хуыцаумє дєр. Уый йын радта къухты кєлмєрзєн ємє йын загъта: — Аздєх дє фыдмє, ацы кєлмєрзєнєй-иу ын йє рихитє асєрф, ємє йын уєд мє рихиты хуызєн фестдзысты. Баххєст кодта хуыцауы ныхас лєппу ємє Дзы- лыйєн йє рихитє хуыцауы рихиты хуызєн фестадыс- ты. Сагъєс байдыдта Сырдон, цы хин сарєзтаид Дзылыйєн, уый нал зыдта. Стєй єрєджиау єр- хъуыды кодта: — Кєсут-ма, нарт, нє буц хистєр Дзылымє! Зєххы фидауц. Балцы йє акєнєм немє. Сразы сты нарт Сырдоны ныхєстыл. Сєхи балц- 118
мє бацєттє кодтой. Бирє фєцыдысты ємє иу ран єрлєууыдысты. Сырдон Дзылымє дзуры: — Єндєр бєстєйы арєнмє єрбахєццє стєм. Бар нын ратт, ємє дє адасєм. Хъуамє дє уынд єп- пєтєй рєсугъддєр уа. Дзылы бар радта. Нарт февнєлдтой Дзылыйы дасынмє, фєлє сын Сырдон сє къух афтє сарєзта ємє Дзылыйєн йє хурх алыг кодтой. Акодта йє бєх Уастырджи, Уацилла йє кєфой ахаста, Фєлвєра—йє уис, ємє нартыл мєгуыры бон єркодта Сырдоны аххосєй.
СЫРДОН УЄЙГУЫТЫ КУЫД АСАЙДТА бон дын Сырдон нарты ныхасмє рацыд. Кє- сы, ємє уынджы иу лєг дєр нєй, єрмєст дзы сывєллєттє хъазынц. Уєд Сырдон уыдоны ба- фарста: — Нарт цы фесты? Иу лєппу йє размє бауад ємє йын загъта: — Ма мє-иу схъєр кєн, фєлє нарт дє сусєгєй балцы ацыдысты. Аздєхт фєстємє йє хєдзармє Сырдон, йєхи ба- рєвдзытє кодта ємє нарты фєд-фєд балцы араст и. Єртє боны фєцыди ємє иу сау хъєдмє бахєццє. Куыддєр «мє фєллад суадзон», зєгъгє, загъта, аф- тє дын кєсы ємє єрдузы єртє уєйыджы кєрє- дзийы нємынц. Сырдон сє йєхи нєуынєг скодта ємє сє рєзты фєцєйцыд. Уыдон уєддєр сє над нє ныууагътой, ємє сєм уєд нал фєлєууыд: — Байриат, къобор уєйгуытє! Уый цы ми кєнут, кєрєдзи цємєн нємут? Худинаг уын нєу? Уєйгуытє йын дзуапп радтой: — Бєргє нє нємиккам кєрєдзийы, фєлє нє бон байуарын нєу. 120
— Ємє уын цы уаринаг ис? Кєд ує, миййаг, єз бафидауын кєнин,— загъта Сырдон ємє єрлєууыд. Уєйгуытє та йын загътой: — Ис нєм махмє єртє зынаргъ дзаумайы — єр- чъиаг, фынг ємє бєндєн. Єрчъиаг хуымєтєджы єрчъиаг нєу — абад ыл ємє дє кєдєм фєнда, уыр- дєм фєхєццє кєндзєн. Нє фынгмє дєр диссаджы миниєуг ис — нымєтын ехсєй йє єрцєв, ємє алы- хуызон дзєбєх хєринєгтєй айдзаг вєййы. Уєдє нє бєндєн та хєрз ємбисонд у: цасфєнды мулк<дзы ^єрбабєтт,— рогєн сє сисдзынє. Фєхъуыста сєм Сырдон, стєй сєм дзуры::; : — Кєд мє коммє бакєсат, уєд уєєз бафидауын кєндзынєн, алчидєр ує йєхион айсдзєни. Єриут мын фєйнє фаты. Єз сє фєйнєрдєм фехсдзынєн. Раздєр ує йє фат мє размє чи єрбахєсса, уымєн фыццаг равзарыны бар. Дыккагєн та дыккаг — бар, чи ма дзы баззайа, уый та — єртыккагєн. Уайтагъд сразы сты уєйгуытє Сырдоны ныхасыл. Радта сє алчидєр фат Сырдонмє. Уый сє алырдєм- ты фехста ємє дзуры: — Тагъддєр уайгєут сє фєстє! Азгъордтой уєйгуытє сє фєтты фєстє, «єз фє- раздєронєй» фєстємє єрбаздєхєм, зєгъгє. Сырдон райста бєндєн ємє фынг, сбадти єр- чъиагыл ємє йєм дзуры: — Нє уєлхєдзармє мє фєхєццє кєн. Куыддєр уыцы ныхас йє дзыхєй схауд, афтє сє уєлхєдзар фестади. Скодта Сырдон куывд. Єрывєрдта йє диссаджы фынг, єрцавта йє нымєтын ехсєй ємє єнєхъєн къуыри хорз фєуыдта нарты. Федтой нарт, Сырдон амалджын у, уый ємє йє уєдєй фєстємєєдзухдєр.семє балцы кодтой. 121
СЫРДОН ЙЄМЄРДТЄН ХИСТ КУЫД СКОДТД артєй-иу Сырдоныл чи амбєлд, уый-иу єм йє уайдзєф єнє баппаргє нє фєци: — Дє мєрдтєн хист нє кєныс, Сырдон, ємє дын мєрдты бєсты иннєтєм хєлєггєнгєйє бадынц. Уый хорз нєу, стєригъєдджын дє. Мєстєй йє чи мардта, ахємтє дєр-иу разындис: — Нарты єхсєн ахєм адєймаг нєй, ємє йє мєрдты рухсаджы ном чи нє ссары! Сырдон єй хорз зыдта, нарт ын йє мєрдты мєт афтє цємєн кєнынц, уый: уыдис єм иу нард хъуг, ємє нарты уый фыдєй фєхъєстє фєндыди. — Уадз ємє йє мєрдтє бынтон єнєхойраг баз- зайой, иннє мєрдты єхсєн стонгєй дзыназой! — аф- тєтє кєрєдзийєн дзырдтой нарт. Бирє рєстєг Сырдон ницы дзуапп лєвєрдта. Фє- стагмє загъта нартєн: — Хорз єй куы зонут, ницы мєм ис, уый, уєд уын цємєй схист кєнон? — Дє хєстєджытє, дє хєлєрттєн зєгъ, ємє дєм фєкєсдзысты, уєддєр дє мєрдты ном ма рох кєн,— загътой Сырдонєн нарт. 122
Сырдон бамбырдтє кодта йє мулк, хистєн цы- дєриддєр хъуыди, уыдєттє. Єрласта суг, єрывєрд- та дыуує стыр аджы. Иуы дзы фыцын райдыдта бє- гєны. Бєгєны фыцынмє та єрбахуыдта нартєн сє тєккє єдылыдєры. Бєгєны сфыцынєн зад хъуыди ссєдз мєрты, Сырдон та йыл єгасєй иу мєрт нык- кодта. Фыцы, уєдє цы уыдаид, бєгєны, фєлє єппын нє цєттє кєны. Нарт та афтє єнхъєлдтой, ємє сын Сырдон бирє бєгєны фыцы. Сырдон иннє аджы иу гуымыдза фыс цєппєрста, уый дєр сын єгъгъєд у, зєгъгє: — Мєнєн мє мєрдтє рагєй нал хєрынц, сыма- хєн та цыфєнды дєр фєу — бєсты уын нє цєуы,— загъта Сырдон йєхинымєры. Сырдон йє мєрдтєн хист кєны, зєгъгє, уыцы хабар нартыл айхъуысти. Хисты бон Сырдон єдылы бєгєныфыцєгєн єрбакодта фєкєсынмє ємбєлттє, сє иуєй се ’ннє — єдылыдєр, нарты єхсєн уыдонєй сєфтдєр нал уыд, ємє сын загъта: — Сымах бафыдєбон хъєудзєн, .ємє уєхи рагацау хорз фенут, уый фєстє ує нал равдєл- дзєн. Сырдон аргєвста кєрчытє. Єдылыты єрбадын кодта, нозт, хєрдєй сє хорз федта. Уыдон куы сра- сыг сты, уєд сын бєгєны равдєлон кєнын бахєс кодта, йєхєдєг адєммє хонєг арвыста. Єдылытє бєгєны євдєлон кєнын куы райдыд- той, уєд сєм Сырдон йєхи баласта ємє дисхуызєй дзурын райдыдта: — Цымє раздєр цы фєзынди — карк єви айк? Єдылытєм ныхас диссаг фєкаст. Сє иутє дзуапп радтой: — Кєй зєгъын єй хъєуы, карк раздєр фєзынди. 123
Иннєтє семє не сразы сты, уыдон загътой сє- хи зонд: — Айк раздєр фєзынди, айк! Афтє сбыцєу сты, ємє кєрєдзийы схуыстытє кєнын райдыдтой. Сырдон сє йєхи иргъєвєг скодта ємє аивєй бєгєны акалдта. — Мєнє мын мє хєдзар куыд фехєлдтат,^— сєр- диаг кодта Сырдон.— Ныр ма хист цємєй скєнон? Адєммє дєр хонєг куы арвыстон? Цы цєсгом ма равдисдзынєн хъєубєстєм? Єрдиаг куыд кодта, афтє хистмє єрбацыдысты нарты хистєртє. Сырдон сє размє фєци ємє сын хабар радзырдта: — Мє лєггадгєнджытє фєбыцєу сты — карк ємє айкєй раздєр чи фєзынди, зєгъгє, кєрєдзимє февнєлдтой ємє мын мєнє цы фыдбылыз сарєзтой! Ныр ма хист цємєй скєнон?! Фєфыддзєсгом мє кодтой. Нарты хистєртє сєхєдєг дєр федтой, Сырдоныл цы бєллєх єрцыд, уый. Кєрєдзимє бакастысты, рахъыг кодтой ємє сє фєрныг хєдзєрттєм аздєх- тысты. Хистмє ма цєуынмє чи хъавыд, уыдон дєр хабар фехъуыстой ємє нал бауєндыдысты... Сырдон хистєн цы бацєттє кодта, уыдон йєхи- цєн баззадысты ємє нартыл худєгєй марди.
СЫРДОНЫ НАРТ ГЄДЫ ЛЄГ КУЫД СХУЫДТОЙ арт єрємбырд сты ныхасы ємє кєрєдзи- йєн хъєлдзєг хабєрттє дзырдтой. Сырдон сєм бирє фєхъуыста ємє сыл зынєрвєссон худт кодта. Уєд єй Хємыц фєрсы: — Цы ныл былысчъилтє кєныс, Сырдон? Єви утєппєт худєджы ныхєстєй иу дєр нє фєцыд дє зєрдємє. Сырдон ын дзуапп радта: — Куыннє уыл былысчъилтє кєнон? Иууылдєр худєджы хабєрттє дзурыныл нє ауєрдут ємє алы гєды ныхєстє мысут, стєй ма сыл ноджы уєхєдєг худут. Цымє ує иу раст ныхас адєймаг кєд фехъус- дзєн? Сослан єм нал фєлєууыд ємє дзуры: — Хєрєг дє ды, хєрєг, Гєтєджы фырт. Уый йедтємє кєд уыцы хабєрттєй исты диссагдєр хабар зоныс, уєд ма йыл цы боны хорзмє ауєрдыс? Дєумє дєр байхъусиккам. — Сымах цымыдисєй цємє байхъусиккат, ахєм хабєрттє мєнмє кєддєриддєр вєййы,— сєпысты- рєй йын дзуапп радта Сырдон. 125
Уєд дын єм нарты фєсивєд бахатыдысты, уєлє нын исты диссаджы хабар радзур, зєгъгє. Нал єй ныууадздзысты, уый куы базыдта, уєд Сырдон рай- дыдта: — Уыцы хабар єрцыд майрємбоны, нє мєрдтєн сабатизєры къєбєртє куы цєттє кодтам, уєд. Уы- донєн ныххєлар кєнынєн мє бахъуыдис кусєрттаг ємє цуаны ауадтєн. — Уєд авд дєлдзєхы фєуай, Сырдон,— ныххуд- ти Сослан,— кєд дєуєй цєй цуанон ис! — Ма йє хъыгдар дзурын, Сослан, уадз ємє йє ныхас фєуа,— фєурєдта йє Уырызмєг. Ємє Сырдон дєр йє ныхас дарддєр кодта: — Фєцєуын дын хъєды ємє иу лєгыл амбєлд- тєн. Куы мє базыдта, нартєй дєн, уый, уєд мемє цуаны фєраст, иумє, дам, єрзилєм, зєгъгє. Ауадыс- тєм, ємє мын дзуры: — Цом Сау фурды былмє, уым хизы ємбисонды егъау хъох-дзєргъ, уый хъыбылтєй иу амардзыстєм. Араст дєн уыцы лєгимє Сау фурды былмє. Мє бинонтєй уал амєлєд, єз цал гєды ныхасы зєгъон! Кєсєм дын, ємє єнахуыр егъау хъох-дзєргъ єхсыр дары йє дыууадєс хъыбылєн. Фєлє хъыбылтєй єр- мєст иунєг дєйы мады фєдєг. Дыккаг дєйы фыц- цаджы къєдзил, єртыккаг та — дыккаджы къєдзил ємє уыцы хуызы дыууадєс хъыбылы ныххал сты иу рєнхъєй. Фєстаг хъыбылєн та йє къєдзилєй єхсыр цыхцырєгау ныллєууыди... Нарт уыцы ныхєстыл ныххудтысты, ємє Сырдон дєр ныхъхъус и. — Єцєг амєла дє бинонтєй уал, ды нын абон цал гєды ныхасы ракодтай,— загътой нарт. Сослан та йєхи нал баурєдта ємє Сырдоныл уыциу хъєр фєласта: 126
— Фесєф нє разєй. Нарты єхсєн цєрынєн нє бєззыс, нє ныхас нын хынджылєггаг скодтай! Нарт Сырдоныл сє фаг фєхудтысты, стєй йє Уырызмєг бафарста: — Ємє уєддєр ныххєлар кєнынєн кусєрттаг дє къухы куыд бафтыд? — Мыстытє йын єй бахордтой йє кусєрттаг,— мєстыйє загъта Сослан.— Хорз уаид, єххєст ма йын йєхи сєр дєр куы бахєриккой, уєд. Сырдон банхъєлмє каст, цалынмє адєм басабыр сты, уєдмє, стєй зондджын хуызєй загъта: — Гъей, ницєййаг нарт, аргєвдут мє номыл иу кусєрттаг ємє мын мє цєрєнбонмє скувут: кєдєм цєуын хъєуы стєры, уый уын бацамыдтон. Уєд єм Хємыц дзуры: — Баууєндиккам дыл, Сырдон, фєлє дє гєды ныхєстє кєрєдзиуыл сєвєр, уєд дзы арвмє асинтє саразыны фаг рауаид. — Сымах, нарт, хуыцаумє фєндаг агурут ємє йєм цєугєут — асинтє уын сарєзтон. Єрмєст-иу уєхимє кєсут — мачи ує дзы ратулєд уырдыгєй, ує бєрзєйтє дзы ма асєттут. Гъе афтє Сырдоны уєдєй нырмє гєды лєг хонын райдыдтой.
КУЫД ФЄЗЫНДИС ФЄНДЫР фєдзєй-афєдзмє нарт фєцарєзтой иумє- йаг ємбырддон ємє куывддон хєдзар. Ємє сє фєн- дыди, цємєй сын єм Сырдон мацы фау єрхастаид. Єппынфєстаг куы сцєттє, уєд Сослан бацыди Сыр- донмє ємє йын запьта: — Нарт єрємбырд сты ємє дєм дзурынц, сє хєдзар сын фен. Уєд ын Сырдон загъта: — Хорз. Ємє иумє араст сты. Бацыдысты нарты стыр єм- бырддон ємє куывддон хєдзармє. Нарты уым бай- йєфтой. Уыдон бафарстой: — Зєгъ ма, дє хорзєхєй, Сырдон, нє хєдзар дє зєрдємє цєуы єви нє? Цы фау ма йєм хєссыс? Фєкасти Сырдон хєдзармє, єрзылди йын йє къуымты. — Хорзєй хорз у, фєлє ма...— зєгъгє, йє ныхас нє фєци, афтємєй Сырдон хєдзарєй ацыди. Уєд єй Сослан фєсте асырдта ємє йє фєрсы: — Кєдєм лидзыс уый, Сырдон, зєгъгє нын куы ницы кодтай, афтємєй? 128
— Ємє уын цы хъуамє зєгъон? Сослан ын бамбарын кодта: — «Фєлє ма» нын цємєн загътай, уымєн дын ницы бамбєрстам. Сырдон дєр ын дзуапп радта: — Афтє уын уымєн загътон, ємє хєдзар хорз бєргє у, фєлє дзы астєуєй ницы ис. Єндєр ницуал загъта Сырдон ємє ацыди. Сослан дєр фєстємє аздєхти ємє нартєн ра- дзырдта: — Сырдон нын нє хєдзар рафаудта, астєуєй, дам, уын дзы ницы ис. Уєд нарт сєхимидєг хъуыды кєнын райдыдтой, цымє цємєн афтє загъта Сырдон, зєгъгє. Фєлє ницы єрхъуыды сє бон уыди. Фєстагмє Сослан дзуры: — Сырдон нын афтє уымєн загъта, ємє нє хє- дзары астєу рєхыс нєй. Хєдзары та рєхыс ауыгъд куы нє уа, уєд афтид у, уєдє цы у! Нарт стыр рєхыс скєнын кодтой, куыд ємбєлы, афтє йє хєдзары астєу єрцауыгътой ємє та Сос- ланы Сырдонмє арвыстой. Єрбакодта йє Сослан нарты ємбырддон ємє куывддон хєдзармє, ємє та йє фєрсынц: — Фен нын нє хєдзар Сырдон, цы хъуаг ма у? Сырдон та федта хєдзар, єрзылди йын йє къуым- ты ємє та загъта: — Хорзєй хорз у, фєлє ма...— зєгъгє та йє ны- хас нє фєци, афтємєй ацыди. Ацы хатт йє фєдыл ахызти Хємыц. — «Ує хєдзар хорз у» нын куы загътай, Сырдон, уєд дын уыцы «фєлє ма» та цы у? Сырдон ын дзуапп радта: — Хєдзар єцєгдєр хорз у, фєлє хурыскєсєныр- 9 Сырдоны таурєгътє 129
дыгєй къуымы ницы ис, ємє уын «фєлє ма» та уый тыххєй загътон. Хємыц баздєхти нартмє ємє сын Сырдоны ны- хєстє ракодта. Сагъєсы бацыдысты нарт, бирє фє- хъуыды кодтой ємє єрєджиау загътой: — Сырдон нын нє хєдзар уый тыххєй фауы, ємє йє хурыскєсєн къуымы сылгоймаг нє уыд, нєй дзы єфсин. Уєд єрхуыдтой иу сылгоймаг, чындзы арєзт єй скодтой, хурыскєсєны къуымы йє єрлєууын кодтой ємє загътой: — Фєстаг хатт ма фєцєуын хъєуы Сырдонмє. Фєлє йєм ацы хатт никєйыуал фєндыди ацє- уын. Уєд Хємыц загъта: — Цєй, куы нє кома, уєддєр єй єз тыххєй єр- бакєндзынєн. Балєууыд Хємыц Сырдоны дуармє ємє мидємє дзуры: — Єддємє-ма мєм ракєс, Сырдон! Фєлє Сырдон єддємє нє зыны. Єрєджиау єм рацыди ємє йє бустєхуызєй фєрсы: — Цы кєныс, цы дє хъєуы, Хємыц? — Нарты ємбырд та дєм дзурынц сє иумєйаг ног хєдзармє, ємє рацу,— загъта йын Хємыц. Сырдон ын бауайдзєф кодта: — Хєрд ємє нозтыл куы фєбадут, уєд мє куы нє фєхонут. Нал цєуын єз сымах єхсєнмє,— ємє сєхирдєм фєцєйздєхти. Хємыц єм фєлєбурдта, асхуыста йє ємє йєм бартхъирєн кодта: — Куынє рацєуай, уєд дє хъуыддаг хорз нє уы- дзєн, уый зон! Цы гєнєн ма уыд Сырдонєн, ємє тынг мєстджы- нєй рараст Хємыцы фєстє нарты ног хєдзармє. Би- 130
рє та йєм фєкасти, йє къуымты йын єрзылди ємє загъта: — Гъенырмє хєдзар нє уыди, ныр хєдзары хуы- зєн сси. Нарт дєр ныццин кодтой, Сырдон сын сє хєдза- рєй кєй раппєлыди ємє йєм фау кєй нал єрхаста, уый тыххєй. Єрмєст Сырдон уыд єнкъард, уый мєстєй марди Хємыцмє, йе ’фхєрд дзы нє рох кодта. Ємє афтє мєстыйє йє хєдзармє афардєг. Бирє фєхъуыды кодта Сырдон, уєдє Хємыцєй мє маст куыд райсон, зєгъгє. Ємє иу бон куы уы- дис, уєд єрхъуыды кодта. Хємыцмє уыди, авд азы хуыскъ чи фєцис, ахєм хъуг. Фырнєрдєй хєлди, суанг ма йєм уынєг дєр цыдысты йє диссаджы нарды тыххєй. Хємыц дзы йє сєр бєрзєндты хаста, єдзух дзы єппєлыди. Сырдон сфєнд кодта уыцы хъуджы адавын. Иу єхсєв куы уыди, уєд, дын, бахъуызыди, цы скъєты баст уыд, уырдєм, фєлє дуар бакєнынєн ницы амал ссардта. Фєстємє раздєхти йє хєдзармє ємє хъуыдытє кєнын райдыдта, хъуг цы хуызы адав- дєуа, ууыл. Ємє та єрхъуыды кодта. Иу бон дын изєрырдєм, хъом хизєнуатєй єрба- цєуыны размє Сырдон бацыд Хємыцы скъєтмє ємє дзы бамбєхстй. Изєры фос єрцыдысты, Хємыц йєхионты сєхимє баздєхта, скъєты сє бакодта ємє сыл фидар дуар сєхгєдта. Єнцад бадт Сырдон йє- хицєн, стєй куы єрєхсєв ємє бєстє куы єрсабыр, уєд йе ’мбєхсєн бынатєй рацыд ємє скъєты дуары євдузєнтє мидєгєй єфтауын райдыдта. Єнє хъєр, єнє хъистєй йє къухы бафтыд дуар байгом кєнын. Сырдонєн Фєснарт, иу хиды бын уыди хєдзар, ємє йын єй ничи зыдта. Хємыцы хъуг, дын, уырдєм 131
єрыскъєрдта, аргєвста йє уыцы ран ємє йє бинон- тимє минас кодта. Хємыц уайтагъд йє хъуджы давд базыдта. Хи хъєуєй, єддагон хъєуєй — алы ран дєр єй агурын байдыдта, фєлє — никуы ємє ницы. Тъєпп хаудта мєстєй Хємыц, фєлє цы бакодтаид! Єрєджиау йє хъустыл єрцыди, йє хъуджы йын нарты фыдбылыа Сырдон йе ’скъєтєй кєй адавта. Єрмєст єй куыд сбєрєг кєна, уый нє зыдта — Сырдоны хєдзар сса- рын кєй бон уыд! «Цы ма бакєнон уєдє? — хъуыды кодта Хє- мыц.— Цон ємє фєцєуон къулбадєгусмє ємє ма уый бафєрсон». Ацыди Хємыц къулбадєгусмє ємє йын йє ха- бєрттє сєрєй бынмє радзырдта. — Дєу фєрсынмє єрбацыдтєн, истємєй мын баххуыс кєн, исты мын бацамон. Ємє йын къулбадєгус загъта: — Дє хъуджы адавды хабар єз рагєй хъусын, ныронг дєр мєм куы фєзындаис, уєд дын дє хъуг- давєг бацамыдтаин. Сырдонєн кємдєр зєххы бын ис хєдзар, єз дєр єй нє зонын. Йє бинонтє уым цє- рынц. Дє хъуг дын уым сє зєрдєйы дзєбєхєн хє- рынц. Хємыц къулбадєгусы бафарста: — Ємє уыцы хєдзарєн цы хуызы ссарєн ис? — Сырдоны куыдзы чи нє зоны! —дзуапп радта къулбадєгус.— Єхсєв Сырдоны сусєг хєдзары вєй- йы, райсом боныцъєхтыл єддємє рацєуы ємє йє бахъахъхъє. Дє къухы куы бафта уыцы куыдз, уєд ын йє къахыл єндах бабєтт ємє йє ауадз. Йє фє- дыл-иу цєугє ємє дє иу заман Сырдоны хєдзармє бакєндзєн. Уєд Хємыц Сырдоны куыдзы хъахъхъєнын рай- 132
дыдта. Ємє йє иу райсом єрцахста. Йє къахыл ын єндах бабаста ємє йє фєтєрсын кодта. Алыгъди куыдз, фєлє хєдзармє нє цєуы, дыууєрдєм лидзы, йє фєд рафєлив-бафєлив систа. Кєй дуарєй нє ракєсын кодта Хємыцы, ахєм нал баззад. Хємыц дєр єй нємы ємє йє єрдєгмєлєтдзаг куы фєкод- та, уєд куыдз алыгъди сєхимє йє фєстє єндах уадзгєйє. Хємыц дєр дын йє фєдыл уайы. Куыдз фємидєг ис хиды бын хєдзары. Ныццыди Хємыц.дєр куыдзы фєстє Сырдоны сусєг агъуыстмє. Сырдон сєхимє нє разынди. Фє- тарстысты йє лєппутє, «ай нын нє хєдзар куыд ссардта», зєгъгє. Кєсы Хємыцємєхєдзары астєу— аг, аджы дзидзатє фыцынц. Уєд хъуджы фыд систа, Сырдоны лєппуты єрцахста, акъабєзтє сє кодта ємє сє аджы фыцгє доны цєппєрста. Йєхєдєг, йє хъугєй ма цы баззад, уыдон єрємбырд кодта ємє сє йє хєдзармє ахаста. Єрбацыди Хємыц сєхимє, йє хъуджы фыд цє- вєрдта ємє ныхасмє рацыди. Сырдоны дєр уым баййєфта, фєлє йын ницыма загъта. Сырдон Хємы- цы куы федта, уєд бахудти ємє афтє зєгъы: — Ємє тєригъєд дєр куыд нє у Хємыц, тє- ригъєд: чидєр ын йє нард хъуджы дзидза хєры, йє- хєдєг та сыдєй мєлы. Уєд Хємыц загъта: — Чи зоны, мє хъуджы фыд цы аджы фыцы, уым давєгєн йє хъєбулы фыдтє сфыцой. Фехсайдта Сырдонєн йє зєрдє, цыдєр фыдбы- лыз мыл єрцыди, зєгъгє. Ницуал сдзырдта Хємыц- мє ємє йє сусєг хєдзармє фєдисы цыдєй ацыди. Бауад мидємє, сєхимє — ничи. «Ау, кєм уой нє бинонтє?»—зєгъгє, Сырдон ракєс-бакєс кєны, фє- лє— никуы ємє нциы. Фыдисыл йєхи ныццавта, 133
дзидзатє асгарон, зєгъгє, аг сыстыдта ємє дзы фє- зындысты йє цоты уєнгтє: кємєн йє къух, кємєн йє сєр, кємєн йє къах. Сагъдауєй баззад исдуг Сырдон, фыдис йє къу- хєй єрхауд, афтємєй. Стєй йє сєр ныххоста ємє цєрдиаг кодта: — Ацы бєллєх мын Хємыц йедтємє ничи са- рєзта! Систа йє лєппуты уєнгтє агєй Сырдон. Иє хис- тєр фырты цонджы стджытєй сарєзта фєндыры хъєд, йе ’ннє фыртты зєрдєйы тєгтєй фєндырєн скодта дыууадєс тєны. Єрбадтис йє хъєбулты стєг- дарты цур, йє фырзєрдєрыстєй сыл єрдиаггєнгє, фєндырєй цєгъдын райдыдта: — Мє лєппутє, мєгуыр дєн єз, ємє уын мє бон хєрнєг кєнын нє бауыдзєн. Ує иу мын Къонагє хуынди. Марды фєлдисинагєй къонайыл цы бавє- рой, уымєй дын хай уєд. Ноджы та фєндырєй єрцєгъды, ємє та йє дзы- назын райхъуысы: — Мє дыккаг лєппу — Уєрагє. Марды фєлди- синагєй уєрагыл цы єрєвєрой, уымєй дын хай уєд! Ноджы та фєндырєй єрцєгъды: — Ме ’ртыккаг лєппу — Фуагє. Марды фєлди- синагєй тєвдєй фу цєуыл бакєной, уымєй дын хай уєд! , Хєдзары фєсдуар уыди уєрм. Сырдон уым цє- вєрдта лєппуты стєгдартє ємє сє баныгєдта. йє- хєдєг йє фєндыр райста ємє рацыд нартмє. Ны- хасы адєммє дзуры: — Зєрдєйы сау маст, сау фыд чи нє бавзєрста, уый мын мє цагъдмє байхъусєд! Ємє єрцагъта йє фєндырєй Сырдон, афтє єр- цагъта ємє бєстєтє йєхимє єрыхъусын кодта. 134
Цъєх арв йє цєгъдынмє ныууынєргъыдта ємє йє цєстысыгтє ныккалдта. Хъєды сырдтє сє цуан ныу- уагътой, єнкъардєй зєхмє ныхъхъуыстрй. Мєргътє дзыгуыртєй Сырдоны размє єртахтысты ємє йемє куыдтой. Ныхасы адєм дєр сє сєртє єруагътой, ныккастысты бынмє, ныккєрзыдтой, ємє сє цєс- тысыг донау мызти. Сырдон цєгъды йє фєндырєй ємє цагъдмє нар- тєн дзуры*: — Нарт, ай уын мє лєвар, ємє мє уемє цєрын бауадзут! Нарт Сырдонмє байхъуыстой ємє загътой: — Айхуызєн лєвар нын чи кєны, уый немє цє- уылнє хъуамє цєра! Уырызмєг сыстад ємє Сырдонєн загъта: — Нєхи тугєй дє, Сырдон, не ’гасєндєр — иу- мєйаг єфсымєр. Кєд нын ахєм диссаджы хєзна дє цєст уарзы, уєд єрцу ємє немє цєр. Нє алы ныха- сы дєр дын бар уєд хъусынєн, нє хєдзєрттєм дын єфсымєрау — фєндаг. Нарт райстой Сырдоны къухєй фєндыр ємє кє- рєдзийєн загътой: — Нєхєдєг иууылдєр бынсєфт куы фєуєм, уєддєр ацы фєндыр мыггагмє немє баззайдзєн ємє нын нє хабєрттє кєндзєн. Амєй чи цєгъда ємє мах ном чи мыса, уый єдзухдєр нєхион уыдзєн.
СЫРДОН БАЛСЄДЖЫ ЦАЛХЄН СОСЛАНЫ КУЫД АМАРЫН КОДТА ослан уыди балцы. Иу ран цады был бонаса^ дєн єркодта. Кєсы, ємє дын цадмє иу хъуаз єрба- цыди. Сослан йє фат фелвєста ємє йє фехса, зєгъ- гє, афтє хъуаз диссаджы рєсугъд чызг фестади ємє дзуры: — Дє бон хорз, нєртон Сослан! — Хорз амонд дє хай,— дзуапп ын радта Сослан. Чызг єм фєстємє дзуры: — Сослан, єз уєларвєй дє фенынмє рацыдтєн, ацал-ауал азы дєумє фенхъєлмє кастєн. Ныр мє дєхицєн бинойнагєн акєн. Сослан ыл схудти: — Ам дзєгъєл чызгєй кєуыл ємбєлон, уыдоны мєхицєн бинонтєн куы хонон, уєд нарты хъєуы дєр куы нє бацєудзысты. Чызг та загъта: — Йєйи, Сослан, фєсмонгонд фєуыдзынє! Фєл- тау мє ахон демє. Сослан та йє бафхєрдта: — Чызгай, єз дє хуызєн цадыбадєг дзєргъєй 137
бинонтє куы кєнон, уєд мє цъєх єндон єфсєйнаг фестдзєн. Чызг єваст йє цєнгтє фєйнєрдєм фєкодта, фестад ыл базыртє, ныппєр-пєр ласта ємє атахт. Єрмєст ма Сосланмє радзырдта: — Єз Балсєджы чызг дєн, ныр дєм бєрєг уы- дзєн! Чызг йє фыдєн рахъаст кодта: — Сослан мє цадыбадєг дзєргъ схуыдта. Балсєг смєсты, бадзырдта йє цалхмє ємє йын загъта: — Цєугє ємє нарты Сосланы амар. Араст и Балсєджы цалх гуыр-гуыргєнгє, араугє ємє Балсєг Сосланмє ахъєр кодта: — Фєкєс-ма дєхимє гъе ныр, нєртон гуырд! Сослан дєр єм ахъєр кодта: — Ємє мє цємєй ныццєвынмє хъавыс, Бал- сєг? — Фєцєуы та дєм мє цалх! — Ємє йєм цы бадарон? — фєрсы йє Сослан. — Дє ных єм бадар! Болат Сослан Балсєджы цалхмє йє ных бадард- та. Балсєджы цалх йє тых, йє бонєй ныццєлхъ ласта Сосланы ных дыуує єрфыджы астєу. Фєлє фесхъиудта ємє алыгъд. Сослан єй єрцахсынмє бєргє хъавыд, фєлє йын аирвєзт. Балсєг та хъєр кєны Сосланмє: — Фєцєуы та дєм мє цалх! Сослан дєр та йє фєрсы: — Ныр та йєм цы бадарон? — Дє риу ма йєм бадар, дє риу! Сослан Балсєджы цалхмє бадардта йє риу. Єр- тылдис та цалх, ныццавта йє йє тых, йє бонєй Сос- ланы болат риу, фєлє та дзы фесхъиудта. Цырд єм 138
фєлєууыд ацы хатт Сослан, фєлєбурдта йєм ємє йє рацахста. Стєй йє йє быны ракодта ємє йын йє фєрчытєй цалдєр асаста. Йє хъуыддаг хорз нал у, уый куы базыдта, уєд Балсєджы цалх балєгъстє кодта: — Сослан, курын дє, мє уд мын ма аскъуын ємє мєхи амєй фєстємє Сосланы цалх хондзынєн, дєуєн лєггад кєндзынєн. Сослан ыл не ’ууєндыди: — Нє, фєсайдзынє мє. Балєхстє та кодта Балсєджы цалх: — Хуыцауєй дын ард хєрын, амєй фєстємє мє- хи Сосланы цалх хондзынєн. Баууєндыдис Сослан Балсєджы цалхыл ємє йє ауагъта. Цалх дєр йє хєдзармє афардєг. Базыдта уыцы хабар Сосланы знаг Сырдон ємє Балсєджы цалхы размє йєхи байста. Цалх йє раз- мє куы бахєццє, уєд єм дзуры: — Дє фєндаг раст уа, Балсєджы цалх! — Нал дєн єз Балсєджы цалх, Сосланы цалх мє хон. Сырдон ыл схудти. — Гъей, куыд дын амардтєн, Балсєджы цалх! Цєуыл фесєфтай дєхи, кєм сты дє бирє тыхтє, дє бирє хъарутє?! Балсєджы цалх ын дзуапп дєтты: — Ма мын кєн ахєм ныхєстє, Сырдон, єз Сос- ланєн ард бахордтон ємє мє дзырд аивын мє бон нєу. Сырдон єм бауырдыг: — Дє кєстєр єнгуылдзєй туг рауадз ємє уы- мєй ссєудзєн дє сомы, дє ард. Сосланєн та йє адзал єрмєст дєуєй у, ма йє ныууадз. Иу скъєрд ма йыл акєн дєхи. 139
Уєддєр цалх нє разы кєны: — Фыдбоны адєймаг у дурєйгуырд Сослан, ни- цы йын мє бон бауыдзєн. Фєлє ма мыл куы фє- хєст уа, уєд мын мє уд сыскъуындзєн. Бавдєл ємє ссу Куырдєлєгонмє, саразын кєн дєхицєн болатєй фєрчытє. Стєй раздєх ємє Сос- ланы амар,— ардыдта Сырдон. .— Ємє йє куыд амардзынєн? — бафарста цалх. Сырдон ын бамбарын кодта: — Сослан цуан кєнынмє уыдзєн, Зилахары бы- дыры та йын мусонг ис ємє боныгон уым фєхуыссы. Ратул-иу ємє йын йє уєрджытєм хъав. Уєд дын ни- куыдєм уал аирвєздзєн. Ацыд Балсєджы цалх Куырдалєгонмє ємє бо- латєй йєхицєн фєрчытє скєнын кодта. Ратылд фєстємє ємє Зилахары быдырмє куы єрхєццє, уєд Сосланы мусонгыл йєхи рауагъта. Фынєй нє уыди Сослан, фєгєпп ласта йє размє ємє та йє ацы хатт дєр рацахста. Фелвєста йє цирхъ ємє йє Балсєджы цалхыл єруадзынмє куыд хъавыд, «мє- нє мєнгард, ды та мыл гадзрахатєй рацыдтє», зєгъ- гє, афтє дын цалх дзуры: — Мє уд — де ’уазєг, Сослан, цы мын зєгъай, ууыл разы, уєддєр мє ма амар. Сослан ыл схъєр кодта: — Нал дыл баууєнддзынєн, фєсайдзынє та мє. Мєнгард дє ды, ныхас дын нєй. Райдыдта та лєгъстєтє кєнын Балсєджы цалх. Єппынфєстаг Сослан загъта: — Кєд дє бинонтєй дыууадєс амардзынє, уєд дє ауадздзынєн. — Ард дын хєрын, Сослан,— сцин кодта Бал- сєджы цалх,— амардзынєн мє бинонтєй дыууа- дєс. 140
Баууєндыди Сослан Балсєджы цалхыл ємє та йє ауагъта. Єнкъардєй фєтулы сєхимє йє бинонты марынмє. Сырдон та ацы хатт дєр базыдта хъуыддаг, ницы та йын кодта Балсєджы цалх йе ’знагєн. Мєхиуыл мын куынєуал баууєнда, зєгъгє, Сырдон зєронд лєджы хуыз райста ємє Балсєджы цалхы размє фєци: — Дє фєндаг — раст, Балсєджы цалх! Цєй єн- къард дє уый? Балсєджы цалх ын дзуапп радта: — Куыннє уон єнкъард, зєронд лєг, нарты Сос- ланєн дзырд радтон, мє бинонтєй дыууадєс амар- дзынєн, зєгъгє. Ємє ныр уыдоны цєгъдынмє цєуын. Сырдон йєхи дисгєнєг скодта: — Ємє сє маргє та цємєн кєныс, цы кодтой дє бинонтє, єнємаргє сын хос куы ис, уєд? — Куыд сын ис хос? — афарста Балсєджы цалх. — Марынмє кєй хъавыс,— дзуапп радта Сыр- дон,—уыдонєй кємєн йє къахы ных, кємєн йє къу- хы ных ракєн ємє дє ард дєр нє фехалдзынє, дє бинонтє дєр єнєхъєнєй баззайдзысты. Не ’сразы ис Балсєджы цалх: — Фыдбылызы мє бафтаудзынє, зєронд лєг, ды, євєццєгєн, нє зоныс нарты Сосланы. Ємє дарддєр атылди. Ирвєздзєн мын Сослан, зєгъгє, Сырдон зєронд усы хуыз райста, Балсєджы цалхы размє та фєци ємє йєм дзуры: — Дє фєндаг раст уа, Балсєджы цалх! Цы кє- ныс, мє бон, цєй єнкъардєй цєуыс? Балсєджы цалх ын дзуапп радта: — Уєдє цы бакєнон, зєронд ус! Мє бинонтєй 141
хъуамє дыууадєс амарон, цєуын сєм ныр ємє куыннє уон єнкъард! Зєронд усы хуызы йын Сырдон афтє зєгъы: — Ємє сє цємєн марыс, мє хур? Фєлтау кєй марыс, уыдонєн сє къєхты ныхтє ємє сє къухты ныхтє ракєн. Сєхєдєг дзєбєхєй баззайдзысты, дє ард дєр нє фехалдзынє. Нє йєм байхъуыста Балсєджы цалх: — Нє, мє дзырд куы нє баххєст кєнон, уєд фыдбылызы бахаудзынєн,— ємє та дарддєр атылди Балсєджы цалх. Скатай та Сырдон, аирвєздзєн ме ’знаг, зєгъгє. Райста лєппулєджы хуыз ємє та Балсєджы цалхы размє фєци: — Дє фєндаг раст, домбай ємє ныфсджын Бал- сєджы цалх! Афтє єнкъардєй дє никуы федтон, цы дыл єрбамбєлди, уагєр? Балсєджы цалх ын єнкъардєй дзуапп радта: — Сосланєн дзырд радтон, мє бинонтєй дыууа- дєс амардзынєн, зєгъгє. Ныр хъуамє мє дзырд сєххєст кєнон. Сырдон бахудти: — Дє дзырд сєххєст кєныны тыххєй дє дє би- нонты марын нє хъєуы. Кємєн дзы йє къахы ных ракєн, кємєн — йє къухы ных ємє дє дзырд дєр єххєст уыдзєн, бинонтє дєр єгасєй баззайдзысты. Нє та байхъуыста Балсєджы цалх Сырдонмє лєппулєджы хуызы дєр ємє дарддєр йє фєндаг дардта. Фєлє иу чысыл куы ауади, уєд хъуыды кє- нын райдыдта: «Цымє мє уыцы зєронд лєг, уыцы зєронд ус ємє уыцы лєппу сєхицєн цы агуырдтой? Цєуылнє сразы дєн семє? Цєй ємє мын куыд загъ- той, афтє бакєнон». Атылд сєхимє Балсєджы цалх, сє бинонтєй кє- 142
мєн йє къахы ных ракодта, кємєн — йє къухы ных, ємє єнцад йє хєдзары сбадтис. Фєлє Сырдон йє фєнд нє ныууагъта. Иу бон куы уыд, уєд дын бацыд Балсєджы цалхмє ємє йєм дзуры: — Сослан уын ує мыггаджы бафхєрдта. Ахєм єфхєрдєн ныббарєн нєй. Ємє Сосланы ды куы нє амарай, уєд ын ничи ницы кєндзєн. Ауадз-ма йыл иу хатт дєхи. Нє разы кодта Балсєджы цалх. Фєлє йє Сыр- дон єнцад кєм ныууагъта, цалынмє йє сразы кодта, уєдмє! Иу бон та Сослан цуан кодта. Фєцєйхъуызыди иу сырдмє. Балсєджы цалх йє размє бабадт ємє йыл сусєгєй йєхи рауагъта. Нал сарєхсти Сослан ємє йын Балсєджы цалх йє зєнгтє йє уєрджыты сєртыл алыг кодта. Єрхастой нарт Сосланы сєхимє ємє йє баныгєдтой. Гъе афтє Сырдон амарын кодта Балсєджы цал- хєн йе ’знаг дурєйгуырд Сосланы.
1Ш СЫРДОН КУЫД АМАРДИ I ирє фєцарди нарты Сырдон, бирє фыдбы- лызтє ракодта адємєн, уєдє сын хорз дєр куыннє фєуыдаид! Фєлє куы марди, уєд ма сфєнд кодта иу хъуыддаг бакєнын: мє ном куы фесєфа, уєд мєрдты дыккаг мард кєндзынєн. Йє мєлєты сахат куы єрхєццє, уєд йє усєн ныффєдзєхста: — Сєрд-иу, усай, мидгъуын кєрц макуы скєн, зымєг та-иу тєвд хєринаг макуы бахєр ємє-иу уый фєстє уазал дон макуы баназ. Нартєн дєр бафєдзєхста: — Ме ’фсымєртє стут, фєлє кєд, чи зоны, искуы кєрєдзийы нє бамбєрстам, кєд мєм истємєй фє- хєрам стут, уєд мыи єй ныббарут. Єрмєст ма ує иу хъуыддаг курын: куы амєлон, уєд мє-иу, адємы хъєлєба ємє фосы уасын цы ранмє хъуыса, ахєм ран мє баныгєнут. Курын ує, уыцы хорз мын-иу ракєнут. Уый фєстє Сырдон амарди. Уєдє дзы нє маст райсєм, зєгъгє, нарт Сырдоны марды сє ныхасы ба- ныгєдтой, уадз ємє адємы хъєлєба ємє фосы 144
СьГрМШ Ю Сырдоны таурєгътє
уасын хъуса, зєгъгє. Иє ус та лєджы фыддєрагєн сєрдыгон мидгъуын кєрц дарын райдыдта, зымєгон та-иу тєвд хєринаг бахордта ємє-иу барєй уазал дон банозта. Бирє нал ацарди, мєгуыр, ус ємє мєрдты бєстєм йє лєг Сырдонмє афардєг. Уый дєр дзы уый агуырдта. Нарт-иу ныхасы бадгєйє кєрєдзимє куы фємєс- ты сты, уєд-иу Сырдоны ном ссардтой: — Махєй мєнг чи зєгъы, уый мєрдты Сырдонєн бєх фестєд. Ємє уєд нарт загътой: — Сырдонєн мєлєт нєй, цалынмє цєрєм, уєд- мє уый дєр не ’хсєн цєрдзєн.
СЄРГЄНДТЄ Сырдон куыд райгуырди 3 Сырдон нарты єхсєн куыд єрцарди 9 Сырдон ус куыд ракуырдта 11 Сырдон нартимє балцы куыд ацыд 14 Сырдон Сосланимє куыд фе ’знаг ис 29 Сырдоны нарты фєсивєд куыд асайдтой 31 Сырдон нартєй йє маст куыд райста 34 Сырдон хъєздыг лєджы куыд асайдта 37 Сырдон Сосланыл сайдєй куыд рацыди, стєй йын уый фєстє ус куыд ракуырдта 40 Сырдон йє тыны хєс куыд бафыста 46 Сырдон нарты хъомты куыд иыццєгъдын кодта 48 Сырдон йє худыскъєфєджы куыд ахста 51 Сырдон Уырызмєджы куыд фєрасыг кєнын кодта . • 52 Сырдоныл хуыссєг куыд фєтых 55 Сырдон Сосланы ускуырд куыд фехєлдта 59 Сырдон Сосланы кєнгє єфсымєр Арєхдзєуы куыд амарын кодта 64 Сырдон мєнгард лєджы куыд багєды кодта 75 Сырдон йє уазєджы куыд хынцыдта 77 Сырдон йє яСайєн дзаумєтты" єфсон куыд асайдта 80 Сырдон йє маст куыд райста 83 Нарт Сырдоны марынмє куыд хъавыдысты 86 Сырдоны рувасдзарм куыд нє фєци ємє йє маст нартєй куыд райста 89 Сырдон нартєн сє дарєс куыд басыгъта 92 Сырдон тєрхон куыд кодта 96 Сырдон аг куыд расайдта 98 Сырдон хуыцауы куыд асайдта 100 Сырдон багєды кєнык куыд нє бакуымдта, кєнє Алыты Алымбе- джы чызджы таурєгъ 102 Сырдоны ардыдєй нарт сє хистєры куыд амардтой 111 Сырд^н уєйгуыты куыд асайдта 120 Сырдон йє мєрдтєн хист куыд скодта 122 ^ырдоны нарт гєды лєг куыд схуыдтой 125 Куыд фєзындис фєндыр 128 ^ырдон Балсєджы цалхєн Сосланы куыд амарын кодта 137 ^ырдон куыд амарди 144
Сказы о Сырдоне Редактор Б. А. М у р т а з о в. Художник У. К. К а н у к о в. Худ. редактор. X. Т. С а 6 а н о в. Тех. редактор Е. У. Д а т р и е в а. Корректоры М. Б. Савкуеван В. Т. С ы р х а е в а. Сдано в набор 25-V-1963 г. Поаписано к печа- ти 10-1Х-1963 г. Формат бум. 60x92i/16. Печат. листов 9,25. Учетно-изд. листов 5,22. Заказ J* 671. Изд. № 75. Тираж 5000. ЕЙ 01702. Цена 16 коп. Северо-Осетипское книжное издательство, г. Орджоникидзе, ул. Гражданская, 2. Республиканская книжная типография, г. Орджоникидзе, ул. Джанаева, 20.