Text
                    УÆРÆСЕЙЫ ФЕДЕРАЦИЙЫ АХУЫРАДЫ ÆМÆ НАУКÆЙЫ МИНИСТРАД
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТАЙЫ НОМЫЛ
ПАДДЗАХАДОН УНИВЕРСИТЕТ
Цопанты Р.Г., Хъæцмæзты Е.С.
НЫРЫККОНИРОНÆВЗАГ:
ДЗЫРДБАСТ ÆМÆ ХУЫМÆТÆГ ХЪУЫДЫЙАД
Ахуырадон-методикон чиныг
Дзæуджыхъæу
2016


ББК81.1 Ц-80 Утверждеио решеиием иаучио-методического совета ФГБОУВО «СОГУим. К.Л. Хетагурова» Цопанты Р.Г., Хъæцмæзты Е.С. Нырыккон ирон æвзаг: Дзырдбаст æмæ хуымæтæг хъуыдыйад: ахуырадон-методикон чиныг. - Дзæуджыхъæу: ИПЦ ИП Цопанова А.Ю., 2016. - 135 ф. - 13ВЫ 978-5- 00081-100-9 Наукон редактор - филол. наук. док. Цопанты Р. Г. Рецензент - филол. наук. канд. Куыдзойты А.Ф. Ахуырадон-методикон чиныг арæзт у нырыккон ирон æвзаджы дзы- рдбаст æмæ хуымæтæг хъуыдыйады синтаксисæй. Лæвæрд дзы цæуынц теоретикон амынддзинæдтæ æмæ теориимæ баст практикон æрмæг. Чиныг фысту ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты студенттæн. Цопанова Р.Г., Качмазова Е.С. Современный осетин- ский язык: Словосочетание и простое предложение: учебно-мето- дическое пособие. - Владикавказ: ИПЦ ИП Цопанова А.Ю., 2016. - 135 с. - 15ВЫ 978-5-00081-100-9 Научный редактор-докт. филол. наук Р. Г. Цопанова (СОГУ) Рецензент- канд. филол. наук А.Ф. Куыдзоева (СОГУ) В учебно-методическом пособии рассматривается синтаксис сло- восочетания и простого предложения современного осетинского языка. Теоретический материал закрепляется системой упражнений. Книга написана для студентов факультета осетинской филологии СОГУ. 15В1чГ 978-5-00081-100-9 ББК81.1 © Цопанова Р.Г., Качмазова Е.С., 2016
СÆРГÆНДТÆ Разныхас 4 Синтаксис 1 §.. Синтаксисон иуæгтæ 5 2 §. Синтаксисон бастдзинæдтæ æмæ ахастытæ 6 3 §. Дзырдбаст 7 Хуымæтæг хъуыдыйад. 4 §. Хъуыдыйæдты хуызтæ 21 5 §. Хъуыдыйæдты хуызтæ загъды нысанмæ гæсгæ 26 6 §. Хъæрон хъуыдыйæдтæ 34 7 §. Дывæрсыг хъуыдыйæдтæ 37 8 §. Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ 38 9 §. Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ 50 10 §. Иувæрсыг хъуыдыйæдтæ 61 11 §. Коммуникемæтæ 80 12 §. Æнæххæст хъуыдыйæдтæ 82 13 §. Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ 89 14 §. Хъуыдыйады иртæстгонд уæнгтæ 101 15 §. Бавæргæ арæзтытæ 111 16 §. Бахæсгæ арæзтытæ 115 17 §. Бафтаугæ арæзтытæ 117 18§. Сидæн 120 Литературæ 133 Цыбыргонд нæмттæ 134 3
РАЗНЫХАС Чиныг арæзт у «Нырыккон ирон æвзаджы» курсы программæмæ гæсгæ ирон филологийы факультеты студенттæн æмæ, ирон æвзагæй дзы йæ куысты чи пайда кæны, уыдонæн. Синтаксис у нырыккон ирон æвзаджы грамматикæйы хæйттæй иу. Уый ахуыр кæны дзырдбаст, хъуыдыиад (хуымæтæг æмæ вазыгджын) æмæ вазыгджыи синтаксисон æнæхъæн (текст). æ. æнд. Синтаксис æнгом баст у морфологи æмæ лексикæимæ, уымæн æмæ, дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйæдтæ аразгæйæ, зонын хъæуы дзырдты морфологион æууæлтæ æмæ сæ лексикон нысаниуджытæ. Уымæй уæлдай ма синтаксис баст у æвзаджы иннæ хæйттимæ дæр. Нырыккон синтаксисон наукæйы хицæн кæнынц коиструктивон (формалон), семантикон, функционалон æмæ коммуникативон синтаксистæ (кæнæ «раиртæсты хуызтæ»). Ацы чиныджы æрмæг домы фылдæр формалон æмæ функционалон синтаксис зонын. Студент хъуамæ зона теоретикон æрмæг дзурын æмæ арæхса практикон куыстытæ æххæст кæнынмæ. Чиныджы фæлтæрæнты разæй лæвæрд цæуы темæтимæ баст синтаксисон теори. Фæлтæрæнты хæслæвæрдты мидис йæхæдæг фылдæр хатт у теоретикон амынддзинад, æмæ уый руаджы студент æнцондæрæй æххæст кæндзæн, фæлтæрæны хæс цы домы, уый. Практикон æрмæг ист у аивадон литературæйæ æмæ публицистикон уацтæй хицæн хъуыдыйæдтæ æмæ текстты хуызы. 4
СИНТАКСИС 1 §• СИНТАКСИСОН ИУÆГТÆ Синтаксисы иуæгтæ сты дзырдбаст, хьуыдыйад (хуымæ- тæг æмæ вазыгджын), вазыгджын синтаксисоп æнæхъæн (ВСÆ). Синтаксисы сæйраг æмбарынæдтæ сты синтаксисон иуæгтæ, дзырды формæ (синтаксемæ), синтаксисон ахастытæ æмæ бастдзинæдтæ (æмæ бастдзинæдты фæрæзтæ), грамматикон (синтаксисон) семантикæ. Синтаксисон иуæджы мидæг дзырдтæ пайдагонд цæуынц бæлвырд формæты. Хъуыдыйады уæнгты бæрц æмæ дзырдты формæты бæрц хъуыдыйады алкæд æмхуызон нæ вæййы. Афтæ, хъуыдыйады Хуры цæст нал зыны ис дыууæ хъуыдыйады уæнджы (сæйрат æмæ зæгъинаг) æмæ æртæ дзырды формæйы: хуры, цæст, нал зыны. «Хуры тын» у иу хъуыдыйады уæнг, æнæдихгæнгæ дзырдбастæй загъд кæй у, уымæ гæсгæ. Дзырдты формæтæй арæзт цæуынц дзырдбæстытæ: ацы фæззæг, рындзыл лæууын, доны хуыдым. Дзырдты формæтæ æмæ дзырдбæстытæй арæзт цæуынц хуымæтæг хъуыдыйæдтæ: Лæгдзинадæй дæм ницы арын фау (П. Г.). Хуымæтæг хъуыдыйæдтæй арæзт цæуынц вазыгджын хъуыдыйæдтæ. Зæгъæм, дыууæ хуымæтæг хъуыдыйадæй: Хуыссæг тыхджын у æмæ Бирæтæ дзы тарф фынæй аисты - саразæн ис æртæхуызы вазыгджын хъуыдыйады: 1) Хуыссæг тыхджын у, æмæ дзы бирæтæ тарф фынæй аисты; 2) Хуыссæг тыхджын кæй у, уымæ гæсгæ дзы бирæтæ тарф фынæй аисты; 3) Бирæтæ дзы тарф фынæй аисты: хуыссæг тыхджын у. Хуымæтæг æмæ вазыгджын хъуыдыйæдтæй сара- зæн ис вазыгджын сиитаксисон æнæхъæн (ВСÆ). Йæ 5
хæйтты ’хсæн вæййы логикон, семантикон æмæ грам- матикон бастдзинæдтæ: Райсом дзыллæйыл ахьæр ис Барсæгаты æыæфехьусгæ фæнд. Адæм фырдисæй сæхиуыл æнæууæнчытæ кодтой. Стæй хьуыддаг æцæг кæнын куы райдыдта, уæд ныххæррæтт кодтой дзыллæтæ зæронд Бæтæгмæ. Сæ арфæйы, сæ бузныджы хьæр хьуысти уæлæрвтæм. Дзыллæ хастой Барсæгаты ном кады тырысайау (Б. Ч.). Ацы ВСÆ-йы хъуыдыйæдтæ æргом кæнынц иу темæ - дзыллæйы дис æмæ арфæ Барсæгаты мыггагæн. Хæйттæ, иуæй, баст цæуынц интонацийæ (дзургæйæ), темæ цы дзырдтимæ баст у, уыдон иу ран фæлхат цæуынц, иннæ ран та ивд цæуынц синонимон дзырд æмæ номивæгæй: дзыллæ - адæм - дзыллæтæ — дзыллæ - сæ; фæнд - хьуыддаг æ.æнд. Ацы ВСÆ-йы хæйтты ’хсæн ис цæгон бастдзинад. 2 §. СИНТАКСИСОН БАСТДЗИНÆДТÆ ÆМÆ АХАСТЫТÆ Синтаксисон бастдзинады сæйраг хуызтæ синтаксисы иуæгты ’хсæн сты бабæтгæ æмæ домгæ, Бабæтгæ бастдзинад вæййы æмсæр, æмбар хæйтты ’хсæн, домгæ бастдзинады та иу хай вæййы иннæйы дæлбар - дзырдбасты, хъуыдыйады. Бабæтгæ бастдзинадæй баст вæййынц хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ æмæ бабæтгæвазыгджын хъуыдыйады хæйттæ. Домгæ бастдзинадæй та - дзырдбасты æмæ домгæвазыгджын хъуыдыйады хæйттæ. Уыдонæй иу хай вæййы сæйраг, иннæ та - дæлбар (уæлæмхæст). Синтаксисон бастдзинæдтæм хаст цæуы бафтауынад дæр. Бабæтгæ æмæ домгæ бастдзинæдтæй хицæн кæны уымæй, æмæ бафтаугæ арæзт (дзырд, дзырдбаст, хъуы- дыйад) сæвзæры, сæйраг хъусынгæнинаг загъд куы æрцæуы, уæд уый фæстæ. Бафтаугæ арæзтытæ феххæст кæнынц сæ 6
разæй уыцы хъуыдыйады хъуыды: Ничи йæм ницы дзуры, суанг ма зæрæдтæ дæр (Ц. М.); Йæ цуры лыстæг михыл чысыл урс хæцъил конд. Урс тырыса. Састы нысан (Дз.К.). Синтаксисон бастдзинады бындурыл сырæзынц син- таксисон (хъуыдымæ гæсгæ) ахастытæ. Уыдон бæрæг кæнынц æцæгдзинады предметтæ æмæ фæзындты ’хсæн ахастытæ. Синтаксисон ахастытæ дих кæнынц дыууæ хуызыл: предикативон (сæйрат æмæ зæгъинаджы ’хсæн) æмæ æнæпредикативон. Æнæпредикативон ахастытæ сты бабæтгæ æмæ домгæ (бæрæггæнæны (атрибутивон), æххæстгæнæны (объек- тон) æмæ фадатон). Уыдон сæвзæрынц дзырдбасты сæйраг æмæ дæлбар дзырдты ’хсæн, стæй хуымæтæг хъуыдыйады (æмхуызон уæнгты ’хсæн), вазыгджын хъуыдыйады та предикативон хæйтты ’хсæн. 3 §. ДЗЫРДБАСТ Дзырдбаст у дыууæ (кæнæ цалдæр) сæрмагонд ныхасы хайы хъуыдымæ гæсгæ æмæ грамматикон æгъ- дауæй бастдзинад. Дзырдбасты хæйттæ сты: сæйраг дзырд æмæ дæлбар дзырд. Дзырдбаст сæвзæры домгæ бастдзинады бындурыл сæрмагонд ныхасы хæйттæй. Дзырдбæстытæ не сты æххуысгæнæг дзырдтæ (разæвæрд, фæсæвæрд, бæттæг, хайыг, модалон дзырд), дзырдты вазыгджын формæтæ (зæгъæм, миногон уæлахизон бæрцы - æппæты диссагдæр). Дзырдбаст предметæн, архайдæн дæтты, дзырдимæ абаргæйæ, уæрæхдæр ном: ирд райсом, зымæгон райсом, зæрдылдарæн райсом. Ацы дзырдбæстыты дæлбар дзырдтæ амонынц дзырд «райсом» - ы миниуджытæ æмæ йæ уымæй бæлвырддæр кæнынц. Дзырдбæстытæ сæйраг дзырды морфологион арæзтмæ гæсгæ дих кæнынц афтæ: номон, мивдисæгон, фæрсдзырдон. 7
Номон дзырдбæстыты сæйраг дзырд вæййы: номдар, миногон, номивæг, нымæцон (мады зæрдæ; цæттæ дарæ- сæй; бирæ цыдæртæ; хæстæджытæй чидæр; дыууæ зонды). Мивдисæгон дзырдбæстыты сæйраг дзырд вæййы мивдисæг (дзуры рæвдз), Сæйраг дзырды ролы ма вæййынц мивдисæджы формæтæ - миногмитæ æмæ фæрссагмитæ: мастæй ифтыгъд, размæ цæугæйæ. Номон æмæ мивдисæгон дзырдбæстыты дæлбар дзырдтæ вæййынц алыхуызон ныхасы хæйттæ. Фæрсдзырдон дзырдбæстыты сæйраг дзырд вæййы фæрсдзырд, дæлбар дзырдтæ та - фæрсдзырд, номивæг: иттæг хорз зонын, тынг дард лæууын, махæй хуыздæр (цæрын). Дзырдбасты хæйттæ мидисæй кæрæдзиимæ цас æнгом баст вæййынц, уымæ гæсгæ дзырдбæстытæ дих кæнынц æртæ къордыл: уæгъдибар, синтаксисон æгъдауæй æнæ- дихгæнгæ æмæ æнгом (фразеологион) дзырдбæстытæ. Уæгъдибар дзырдбасты алы хай дæр вæййы хицæн хъуыдыйады уæнг. Зæгъæм, хъуыдыйады: Нæ сыхы цæрæнбон бирæ уæд - ис дыууæ дзырдбасты: нæ сыхы, сыхы цæрæнбон. Цæрæнбон у сæйрат, нæ æмæ сыхы та - бæрæггæнæнтæ. Æнæдихгæнгæ дзырдбасты сæйраг хайæн йæ мидис куыд хъуыдыйады уæнгæн æххæст нæ вæййы æнæ дæлбар хай. Семантикон æгъдауæй сæйраг æмæ дæлбар хæйттæ тынг æнгом баст вæййынц æмæ феххæст кæнынц хъуыдыйады иу уæнджы функци: Иу афон хъазтмæ мæхи байстон (Дз.М.); Хъæдысæры хъæубæстæ дæр рагуалдзæгæй æрæгвæззæгмæ буц уыдысты сæ цæрæнбæстæй (А. И.). Æнгом (фразеологион) дзырдбæстытæ арæзт вæййынц дыууæ æмæ фылдæр дзырдтæй. Уыцы дзырдтæ пайдагонд фæцæуынц сæ ахæсгæ нысаниуджыты, æмæ фразеологизмы мидис арæхдæр комкоммæ йæ хæйтты нысаниуджытимæ баст нæ вæййы. Дзырдты бастдзинад радты ног æвзагон иуæг. Æнгом дзырдбæстытæй бирæтæ баивæн вæййы 8
дзырдтæй. Хъуыдыйады æххæст кæнынц иу уæнджы функци: Саудæр чылауимæ сæххæссыныл йæ уды быиъыиæг тоны; Мæ хоиы мын агурджытæ кæй ис, уый тыххæй та мæ уд æрдуйæ нарæгдæр скæныны сæр æппындæр ницæмæн хъуыд (Дз.М.)/ Дзæбæх сты, фæлæ æхсæвæй-бонæй дæ мæт кæнынц. Ныр сыл хур ракæсдзæн (ТЛ. Дзырдбæстытæ арæзт цæуынц домгæ бастдзшшды бындурыл. Домгæ бастдзинады хуызтæ сты æмбаст, æмарæзт æмæ æфтыдад. Æмбаст ирон æвзаджы вæййы хъуыдыйады - сæйрат æмæ зæгъинаджы ’хсæн. Зæгъæм, цыбыр хуымæтæг хъуыдыйады: Æз зарын - зæгъинаджы формæ (нымæц, цæсгом) аивдзæн, сæйраты формæ куы аива, уæд: Мах зарæм. Ирон æвзаджы дзырдбасты хæйтты ’хсæн домгæ бастдзинады хуызтæ сты æмарæзт кæнæ æфтыдад. Æмарæзт у домгæ бастдзинады ахæм хуыз, сæйраг дзырд дæлбар дзырды бæлвырд хауæны формæйы куы февæрын кæны. Зæгъæм: цæуын дæумæ, цæуын хæдзарæй, бадын æмбалимæ, мæ фыдæй хуыздæр æ. æнд. Æфтыдад у домгæ бастдзинады ахæм хуыз, дæлбар æнæивгæ дзырд сæйраг дзырдимæ баст куы фæцæуы хъуыдымæ гæсгæ æмæ интонацийæ. Æфтыдадæй баст цæуынц миногонтæ, фæрсдзырдтæ, миногмитæ, фæрссагмитæ, адъективацигонд номдартæ: лæгъзæй дзурын, хорз хъуыддаг, фæзминаг лæг, худгæйæ кæсын, хур бон. Дзырдбасты хæйтты ’хсæн синтаксисон ахастытæ аразæг фæрæзтæ сты: дзырды формæ, разæвæрдтæ, фæсæвæрдтæ. Хайыгтæ æмæ бæттæгтæ синтаксисон ахастытæ аразынц хъуыдыйады. Дзырдты рæнхъæвæрд æмæ интонаци синтаксисон ахастытæ равдисыны фæрæз сæйрагдæр сты хъуыдыйады. Дзырдбæстытæ, цал сæрмагонд дзырдæй арæзт уой, уымæ гæсгæ вæййынц хуымæтæг æмæ вазыгджын. Хуымæтæг дзырдбаст арæзт фæцæуы дыууæ сæрмагонд дзырдæй, стæй сæрмагонд ныхасы хай æмæ æнæдихгæнгæ кæнæ 9
фразеологион (æнгом) дзырдбастæй: фондз лæппуйы, ныфс ма ’вæр мæнæй. Вазыгджын дзырдбаст арæзт вæййы дыууæ æмæ фылдæр сæрмагонд дзырдтæй: дзырдбæстытæ алыхуызон бæрæггæнæнтимæ (бæрзонд урс хæхтæ), бæрцон-номон дзырдбаст, йæ дæлбар дзырдæн бæрæггæнæн кæмæн ис, ахæм (иу фæзминаг чызг), дыууæ æмæ фылдæр синтаксисон бастдзинады кæмæн ис, ахæмтæй (акалын бæлас гуыппы тыххæй), æмхуызон уæнгты рæнхъимæ (цардæй райгонд æмæ зæрдæрухс уæвын), бæлвырдгæнæг дзырдтæ кæм ис, ахæм дзырдбæстытæй (ам, горæты, ахуыр кæнын). 1-аг фæлтæрæн. Бацамонут хъуыдыйæдты син- таксисон бастдзинæдты хуызтæ: бабæтгæ, домгæ æмæ бафтауынад. 1. Арв-иу куы ферттывта, уæд-иу Тугъаны ауыдта лæгæтмæ фæцæйцæугæ, нымæт йæ уæлæ (Г. С). 2. Дæрдтыл æрзилы,/Йæ къуди тилы.../Нæ рагон фыдсыл/Нæ зоны, бæгуы! (Къ.). 3. Ныннæрыд арв æмæ æрцавта,/3ыст риуыгъд тулдзы ’мбис æрдавта./Фæхæцыд мæрайыл цæхæр зынг,/Тулдз басыгъд, бавзалы, ныффæрак (Ц. А.). 4. Стыр цъæх куыдз хуыссыд йæ фарсмæ. Йæ сæр нытътъыста лæппуйы хъæбысы (Æви лæппу куыдзы хъæбысы?) (Хъ.М.). 5. Дынджыр лæг, æмæ дæ тых сабийыл æвзар! - бауайдзæф кодта мад йæ хистæр фыртæн. - Науæд дын мæнг зæгъы (Дз.К.). 6. Мад æрбахъæбыс кодта йæ сывæллоны, йæ сæр ын æрбалхъывта, адаудта йæ, цинтæ æмæ æмбисæндтæ (Дз.К.). 7. Мыггагæй, хъæздыгдзинадæй Тасолтан Дзанхотæй дæлдæр нæ уыди, хъаруйæ та уый хуызæн æгас Кæсæджы дæр нæ уыди (К. А.). 8. Бирæгъы та куыд хъуамæ фæцахуыр кæнай, фæлæ уæддæр уый афтæ нымайы. Стæй æрмæст уый нæ, хъæубæстæ се ’ппæт дæр. Сæ сыхаг хъæуты цæрджытæ дæр (Хт^.М.). 9. Абысал фæзылд æмæ нымдзаст ис коммæ. Мит- æмбæрзт коммæ (Хъ.М.). 10. Чызгæн ирæд куы нæ уа, худи- наг у уæд. 11. Лæгдæр уæ чи уа, рацæуæд-иу уырдæм (П. Г.). 10
2-аг фæлтæрæн. Бацамонут, цавæр бастдзинад ис нысангонд сæрмагонд дзырдты ’хсæн (бабæтгæ æви домгæ). Дзырдбæстытæ цы дзырдтæ аразынц, уыдон рафыссут. 1. Хæстæй куы иу хæдзармæ ссæуы сау гæххæтт, куы — иннæмæ (Æ. Дз.). 2. Зæрдæйы уæздан та адæмы фылдæр æдылымæ кæнæ æнæсæрæнмæ исынц (Дж.Н.). 3. Бæллицтæй мæсгуытæ ничи амайы (X. А.). 4. Æмæ йыл иу хатт сæмбæлдтæн. Мæ кæнæг, цæй тулдз уыди уый?! Æргъæвст æмæ рыгъдæй Зæронд ахстонау хохы сæр нырхæндæг... Йæ хуыз мæ риуы баззади рыстæй. Фыдхъуын, къуызыппа, зокъохæрд, мæллæг - Цымæ йæ ардæм хъодыйау цы ’рхаста? Цæмæн у уымæн райдзасты къуындæг! Йæ фарсмæ та бæрзытæ æмæ назтæ — Чызджытау хъæлдзæг, ирд æмæ рæхснæг, Æмæ сæм уый цæнкуыл усгурау касти. 5. Зæрдæйæ - марг, дзыхы дзырдæй - рæдау; Уæздан, парахат, давæггаг бæркадæй Æгъдау дæттут лæгмарæн дæр лæгау (Дж.Ш.). 6. Æвдæлон у Къостайы зæхх^æ кадæй, Лæджы уд нæу бæсты фарнæн æвгъау, Сымах та барут Иры кад сыкъатæй... (Дж. Ш.). 3-аг фæлтæрæн. Саразут 10-15 дзырдбасты æмæ хъуыдыйады, алыхуызон синтаксисон бастдзинæдтæ æмæ ахастытæ кæм уа, ахæмтæ. Хуызæг: Иры бæстæ (домгæ бастдзинад, бæрæггæнæны ахастытæ), - уазал у æви хъарм (бабæтгæ бастдзинад, æмхуызон уæнгты рæнхъ). 11
Ахæм номдзыд лæгæн рæстдзинад кæй нæ загъта, уый нал ныббыхста (Г. В.) (домгæвазыгджын хъуыдыйад, йæ фыццаг хай у дыккаджы дæлбар). 4-æм фæлтæрæн. Дзырдбæстыты хæйтты ’хсæн бацамонут домгæ бастдзинæдты хуызтæ: æмарæзт, æфтыдад. Фæбæрæг кæнут хъуыдыйæдты грамматикон бындуртæ. 1. Рог дымгæ йемæ æхсызгон сатæг хаста. Боны сонт æнтæфы фæстæ буарæн æнахуыр æхсызгон уыди йæ алы æрбамбæлд дæр. Лæппу йæ алывæрсты ахъахъхъæдта. Уæдмæ цæст мæйдарыл фæцахуыр, æмæ хъæдгæрон æхсæркъудзиты рæбын раиртæста хъалагъуры сау æндæрг. Стъалыджын фæлурсбын арвы риуыл уыцы æндзыгхуызæй бæрæг дардта. Æвиппайды йæ чъылдыммæ, дард кæмдæр, цæхæрфæд уадзгæ, хæрдмæ сфардæг цъæх-сырх-урс æмæ бурхъулон фæрдгуыты хал. Йæ фæдыл иннæ, аннæ, æмæ талынг арвгæрон Куырдалæгонимæ хъазæн хæсты быдыр фестад. Зынгкалгæ рæхыстæ даргъ уæхстытау уырдыгмæ арц ныллæуыдысты алы рæттæй... Бынтон æрæджиау æрбайхъуысти сæ мынæг къæр-къæр (Б. М.). 2. Чындз, хæрз нæуæг чындз, арт æрныуæрста (Н.). 3. Иу чысыл фæз, къæдзæхæн йæ тæккæ сæрмæ, уыди сæ хуыздæр фæл- ладуадзæн (цуанонтæн) (Къ.). 4. Хæрз бæрзонд хохмæ ысхылди Донгалм (М. Г.). 5. Æз баззадтæн æнæмад сæгуы- тау, йæ фæстæ кæсгæйæ (X. А.). 5-æм фæлтæрæн. Саразут дзырдбæстытæ: мивдисæг номдаримæ, миногонимæ (номивæгимæ, нымæцонимæ, фæрсдзырдимæ, фæрссагмиимæ, миногмиимæ), номдар номдаримæ (номивæгимæ, миногонимæ, нымæцонимæ, миногмиимæ, фæрсдзырдимæ), миногон номдаримæ (номивæгимæ, фæрсдзырдимæ), номивæг номивæгимæ. 12
6-æм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут, дзырдты ’хсæн цавæр синтаксисон ахастытæ ис, уый (предикативон, æнæпредикативон). Рафыссут дыккаг хъуыдыйадæй дзырдбæстытæ. 1. Мæ куыстмæ дæр афойнадыл æрбаздæхын мæ къухы нал бафтыд (Æ. Дз.). 2. Æмæ кæны уынгæг цъæхахст мæ зæрдæ, Æрбацæуы нæргæ-тулгæйæ мигъ, Нæ хуымты сæрмæ акалы цæхæртæ. Фæллад дæн... Дуне нал æндавы мæн... Сырх уарди калы бонрæфты тæмæн, Æмæ та цинтыл бафтыди мæ зæрдæ...Дж.Ш.). 7-æм фæлтæрæн. Бацамонут хъуыдыйæдты син- таксисон ахастытæ æмæ бастдзинæдты хуызтæ. 1. Кæрæдзийæн хæрзбон загътой, æмæ алчи йæ фæндагыл араст. 2. Тедейы рамбулæггаг бæх нарæг къахвæндæгтыл, йæ рæсугъд сæрæй хъазгæ, цыд. 3. Бæх дæр йæ хъустæ фæхъил кодта æмæ йæ къахайст аивта. 4. Нал федта, се ’хсæн Хъанымæт уарийау куыд скуыси, уый (Хъ.А.). 8-æм фæлтæрæн. Дзырдбæстытимæ саразут хъуы- дыйæдтæ æмæ сæ ныффыссут: фыццаг сæ комкоммæ нысаниуæгимæ, стæй та - сæ ахæсгæ. Комкоммæ кæсын, фарс хæцын, дисæй марын, зæрдæ нæ дарын, сæнттæ цæгъдын, мæстæй мæлын, къухтæ дарын, æвзаг хæссын, сæрмæ нæ хæссын, цæстмæ дарын, удæй арт цæгъдын, ард хæрын, хъус дарын. 9-æм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут, цавæр къордтыл адихгæнæн ис нысангонд дзырдбæстытæ сæйраг дзырдты морфологион арæзтмæ гæсгæ æмæ сæ ныффыссут: 1) номон; 2) мивдисæгон; 3) фæрсдзырдон. 1. Зæххы бынæй йæ чысыл цъæх саггомы схаста урс æртах — йæ цин, йæ бæллиц (Ч. Æ.). 2. Фæндагыл хъуыды кодтон, доны пырхæитæйдзаг сыгъдæг уæлдæфæй куыд 13
улæфдзынæн, æрмæстдæр ууыл (Æ. Æ.). 3. Болатæн йæ акомкоммæ дыууæрдыгæй бæрзонд фæцыдысты фыдæлтыккон мæсгуыты хуызæн дыууæ кьæдзæхы (Ц. И.). 4. Æмæ йæ даргъ дзыккутæ æрвхуыз береты бын цæрдæг æрбатыхта, афтæмæй, фæстæмæ нæ ракæсгæйæ, азгъордта вагоны иннæ кæронмæ. 5. - Ныр мын-иу æппæлæнт сæ инджынер лæппутæ æмæ сæ дохтыр чызджытæй! - зæрдиагæй дзырдта мад, шофыры фарсмæ бадгæйæ, æмæ, фæстæмæ йæ чызгмæ фæкæс-фæкæс кæнгæйæ (Дз.Т.). 6. Уыцы хъæлæс айхъусгæйæ, мæ куыдз, æнæхъæн хъæу кæмæй рызтысты, уый йæ гуыбыны цъарыл бабырыд, цины хъыллистытæгæнгæ, дзурæджы къæхтæм (Æ. Дз.). 7. Мæнмæ рагæй дæр быдырмæ æхсæвæддæйæ цæуын хорз каст. Æз барæй æнцадгай араст дæн скъолайы ’рдæм (С. Р.). 8. Æртыккаг вагон цæхгæрмæ фæлдæхтæй абадт иуварс кæмдæр. 9. Ды æгæр сыгъдæг æмæ æнæхин дæ, мæ дæрзæгæн æгæр лæгьз. 10. Гъемæ уæдæ фæстаг бон æвæсмон у... дæ кæрдзыны састæй (Г. Б.). 10-æм фæлтæрæн. Дзырдбæстытæ цы дзырдтæ нæ аразынц, уыдон бацамонут. Бамбарын кæнут, дзырд- бæстытæ цæуылнæ аразынц, уый æфсон: æвдисынц сæйрат æмæ зæгъинаджы бастдзинад; дзырдбасты хæйттæй иу у æххуысгæнæг дзырд; æвдисынц хъуыды- йады æмхуызон уæнгты бастдзинад. 1. Хуры тынтæ рагъæй судзинтау сгарынц хъæд (Б. Г.). 2. Æмæ мæ уды цырв а дзырдтæн хъарын: Сабырад, Зиугуыст, Æфсымæрдзинад! (К. И.) 3. Лехъа æмбæлттæй ме сæфт уынын (Б. М.). 4. Бон уыдис райдзаст æмæ сабыр. Цъиутæ сæ зарынæй банцадысты. Иу сыбыртт никæцæйуал хъуыстис. Æрмæст ма Таджы чысыл дон, йæ фынк калгæ, згъордта (Б. Т.). 5. Талынг. Донхæрис - саулагъз/Сау пæлæзы лæууы./Æмæ кæрдæг йæ алыварс/Цудгæ, узгæ цæуы... (X. Т.). 6. Зымæджы дæргъы та йе ’ккой фæхаста хор уæлæ Урстуалтæй, авд-аст мæрты-иу сæргъом кодта æмæ-иу 14
сæ уыцы хъызт бонты йæ хæдзармæ æрхæццæ кодта, арф миты лæгæрдгæйæ (Хъ.С). 7. Суанг гыццылæй фæстæмæ дæр афтæ ахуыр стæм (Дз.М.). 8. Мæнæн мæ хъуыддæгтæ адæмы хуызæн нæ цæуынц. 9. Афонмæ дæр дын æй ласын хъуыдис. 10. Æз ын фенын кодтон, чысылæй-иу мæхи кæм надтон, уыцы хуыдым. 11. Дон уыдис рæсуг æмæ уазал. 12. Æз Валяйы ныууагътон хуыдымы цур, мæхæдæг уæлдæр, дарддæр ацыдтæн, куыд нæ æфсæрмы кодтаин, афтæ (Г.). 13. Æнæхъæн быдыртæ йæ къухы уыдысты: уæдæ хъæд зæгъай æмæ дон (Б. А.). 14. Цы дардыл дзурын, фынг сцæттæ ис, нæртон фынг (Б. А.). 15. О, хорты сæр сыгъдæг Уацилла! Табу, табу дæхицæн, не ’ххуысгæнæг фæу! (Б. А.) 11-æм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут, цæмæй хицæн кæнынц кæрæдзийæ нысангонд дзырдбæстытæ. Æнгом дзырдбæстытимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ. 1. Арвыл ысхьазыди хуры цæст - рухсхæссæг,/Даргъ тынтæ раскъæрдта хæхтæм, уæд быдыртæм. «Фæлидзон, - мæхицæн фæзæгъын, - фæлидзон нæ адæм, дæ хъæрæй»... Фæлæ та фæстагмæ æртæхын:/Мæ сонт туг фæлидзы мæ сæрæй (Н.). 2. Лæгау лæг йæ сæрмæ не ’рхæсдзæн искæуыл мæнг даутæ кæнын. 3. Уырызмæг мæсты кæнын байдыдта, уымæн æмæ нарты фæсивæд йæ коммæ нал кастысты (Н.к.). 4. Дзибыл йæ дзырдмæ æппындæр йæ хъус нæ дардта. 5. Лæппу, уынгмæ дæ къах дæр куыд нæ авæрай, афтæ! 6. Уæвгæ ахæм уыд - Быцыхъæй йæ ныфс хаста. 7. Мырыка æмæ Бибойæн сæ фынг сæ разæй цæуы, сæ разæй. 8. Нæ мыл лæууыд Сатанайы зæрдæ: ферох дзы йæ цæуы къахы саст æмæ йæ чылауи бæлас (X. А.). 9. Фæхоныс де ’фсымæр ды уый, ома, дам, иу пецы ысфыхтыстæм кæддæр. 10. Ныфс ма ’вæр ды мæнæй дæхицæн, Ныфс раттын нал фæразын æз (Н.). 11. Æрæгмæ хъараг у маст ирон зæрдæмæ, хорз адæм, фæлæ куы бахъары, уæд та-иу, хорз адæм, ирон туджы фыцын æрæгмæ банцайы (Къ.А.). 12. Иннæ «тæтæйраг» куыннæ базыдтаид йæ «Хуыцауы цæф» — йæ бæх ныххоста 15
æмæ таппызары хай æрбаци (Б. А.). 13. Зæронд лæгыл хур ракаст (Б. А.). 12-æм фæлтæрæн. Рафыссут дыууæ къордæй хуы- мæтæг æмæ вазыгджын дзырдбæстытæ. 1. Бирæ фæсивæд акодтой фæстаг дыууæ азы Туалгомæй дæр. 2. Суанг хæхты уынгæг цъасты цæрæг фæсивæдæн дæр хæлттæ исын кæны æмæ хæсты тымыгъмæ æрвиты (А. И.). 3. Уый йе ’мгар Саламмæ а фæстаг рæстæг цыдæр уазал цæстæй кæсын байдыдта (Хъ.С). 4. Фыдбылызæй, æгаддзинадæй цы бавзæрстон, уыдон æгасæй дæр дæуæй бузныг дæн (Æ. Ц.). Цъæх бирæгътæ рындзæй гуыбыр бæрзæйæ кастысты, ’мæ мын сæ зынг цæстытæ стъалыты рухс кодтой (П. Г.). Куырмæй мæм фау хæссыс, фæлæ дæхæдæг нæ уыныс фаг дыууæ цæстæй дæ цардэ/Кæм цæры ныр - нæ галуаны ис, махмæ? (Ш.). 13-æм фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут æнæдихгæнгæ æмæ æнгом дзырдбæстыты арæзт. Баивут сæ синонимтæй (дзырдтæ кæнæ дзырдбæстытæй). 1. Хæмыц зилын байдыдта хи хъæуæй, æддагон хъæуæй - алы ран, йæ сæр йæ кой скодта йæ хъуджы фæдыл, фæлæ ницы ардта. Тъæпп хаудта мастæй (Н.к.). 2. Фыццаджы хъару ма кæм ис ныртæккæ?! Æрзылди мыл ныр мæ царды зымæг (Н.к.). 3. Лæг дын ыл йæхи ныццавта, калм фæтарст, æмæ йæ сæр йæ кой фæцис, фæрдыг зæппадзы аззади (А.). 4. Æризæр. Хуры цæст нал зыны, фæлæ ныгуылгæ нæма акодта (Е. Т.). 5. Сæ уд сын сæ хъуырмæ скодта сæ уавæр (Хъ.Г.). 6. Æнæнымæц бардзы ’хсæн кæд чи федта йæ амонды стъалы (Б. А.). 7. Зæххы иу кæронæй иннæмæ тел айтыгьтам, æмæ мæ уд хъардтон æмбонды мигътæн уæрмытæ къахыныл (Хъ.М.). 8. Цамел та уыцы рæстæджы сæхи кæрты лæууыд æмæ иууылдæр лыстæггай федта ацы хабæрттæ (Хъ.С). 9. Адæмæн сæ къух цæмæй рогдæр кæны, сæ развæд сын цæмæй рухс кæны? 10. Уый хыгъд Мæдинæтæй галы бузныг фæци (Г.). 16
14-æм фæлтæрæн. Рафыссут хицæн къордтæй уæгъ- дибар, æнæдихгæнгæ æмæ æнгом дзырдбæстытæ. Ба- мбарын кæнут, кæрæдзийæ цæмæй хицæн кæнынц, уый. 1. Дæуæн дæ фæсонæрхæджы дæр нæй, лæг худинаг йæ сæрмæ куы нæ хæсса, уæд йæ бон цас у æмæ кæй онг хъуыды кæны (Б. Е.). 2. Райдыдта кæрдын, райдыдта, æмæ йæ зæрдæ барухс йæ куыстæй. Тæккæ хосгæрдæны, дам, хæдзармæ хъус дарын хъæуы (Дз.Г.). 3. Рагæй сæрдасæнау рувас зыгъарæгмæ/Дары йæ дæндаг (Къ.). 4. Нал уыд мæгуыр лæг йæ сæрæн,/Удхарæй йæм мард (Къ.). 5. Мæ хуры хай,/Рæсугъд чызгай,/Куы нæ дæ федтаин, бæргæ! 6. Дæ дзыхы дзырд - /Æнæ рæдыд,/Ныццæвы зæрдæйы кæрон!../Цы кæндзынæн,/Куыд цæрдзынæн/Æнæ дæу, амæттаг дын уон?! (Къ.). 7. Гино, гино, гисс! - /Иу гæды нæм ис (Къ.). 8. Уыцы бон дæр хуры цæст нæ разындис (Н. Г). 9. Зыдта, ахæм сахат йемæ дзурæн нæй (К. А.). 10. Амырхан-иу ын йæ нарæг астæуы тасæнтæ хохæй коммæ дæр базыдта. Йæ ирд цæстыты зулæй дæр-иу ын куы ацахста йæ тарст, змæлаг цæстыты æнгæс, уæддæр-иу ныссæххæт кодта йæ зæрдæ. 11. Сано мæм уырдæм хорз зынд, æмæ йæм дардтон мæ цæсты зул. 12. Иу райсом раджы Сано мит- гæбынайыл æрбалæууыд йæ ног хæдзары дуарыл. 13. Æмæ æрымысыд цалдæр азы размæйы хабæрттæ. 14. Иу комæй-иу иннæ комы балæууыд зианы хъуыддаджы тыххæй (Хъ.М.). 15. Фæззыгон куыстытæн хохæй быдырмæ банымайæн дæр нæй. 16. Фыдохы мæстытæ кæмæй тадысты, уыцы уæле исгæ, бынæй ахадгæ, рæдау, бæркадджын фæззæг! (А. И.). 15-æм фæлтæрæн. Рафыссут хъуыдыйæдтæй дзырд- бæстытæ объектон ахастытимæ. Зæгъут, дæлбар дзырдтæ цавæр ныхасы хæйттæ сты. 1. Уый фæстæ аз та ноджыдæр фыд аз скодта. Цæгатварс къæвда нæ бауагъта уыгæрдæнтæ бафснайын. Тауинаджы фаг дæр сæ æххæст не ’взæрд. 2. Зымæджы дæргъы та йе ’ккой фæхаста хор уæлæ Урстуалтæй. 3. Йæ къæсæры 2 Заказ № 53 17
раз дыууæ дынджыр куыдзы дардта, раст бирæгътæй хъауджыдæр нæ уыдысты. 4. Махмæ уалдзæг тынг хорз вæййы (Хъ.С). 5. Кæд ын комкоммæ ницы загътам, уæддæр нæ бамбæрста. 6. Кæд æй мемæ алæууын фæндыд, уæддæр ацыд, уымæн æмæ адæймаджы хуызæн ныхас кæнын чи зоны, æз ахæм нæ дæн. 7. Бынтон æгуыдзæджы бынаты баззайынæй фæтарстæн. 8. Уæддæр та фæндаджы дæргъ адæймаджы сагъæстæ æрцыбыр кæнынæн тæккæ хуыздæр мадзал у. 9. Фæлмæн дзыхы ныхас йеддæмæ сæ фылдæрæй ницы зонæм. 10. Гомæй баззайынæй йын тæрсын (Дз.М.). 16-æм фæлтæрæн. Рафыссут хъуыдыйæдтæй дзырд- бæстытæ бæрæггæнæны æмæ фадатон ахастытимæ. Сбæрæг кæнут дзырдбæстыты домгæ бастдзинæдты хуызтæ. 1. Хуссарвæрсты мит тагъддæр батайы, уайтагъддæр цъæх-цъæхид адары хъæдабæйы хуызæн кæрдæгæй. 2. Хъæ- уы мидæг ма ранæй-рæтты аззад сæлæф мит, йæ бынæй суа- дæттæ згъорынц. 3. О, Бедто, цы арфæйы æфсарм дæ ис, цы хъиамæт кæныс! 4. Цом, уæртæ æхсæны лæгтæм фæдзурæм: сабыр бафидауын хуыздæр у! Афтæмæй та йæ хъуыдыты кæд уыд æндæр фæндтæ, æндæр тæрхон скодта сусæг хуыснæгау йæхинымæры (Хъ.С). 5. Уазал дымгæ комæй быдырмæ лæбуры, сфæйлауы бæхы бæрц. 6. Хæхтыл миты къуыбар нал баззад (Дз.К.). 7. Фæндоныл митæн рæстæг нæй, æндæр æхсæв ам ныллæууиккам (А. И.). 8. Мæ уавæрæй фервæзынæн нæхимæ ацæуынæй хуыздæр хос не ссардтон. 17-æм фæлтæрæн. Рафыссут мивдисæгон дзырд- бæстытæ. Сбæрæг кæнут дæлбар дзырдты морфологион арæзт. 1. Кæрты иу чысыл афæстиат, арвмæ скаст, стæй, кауы бахизæныл халсарты хуымтæм куы бафтыд, уæд, йæ сины сæртыл хæцгæйæ, æрлæууыд (С Л.). 2. Иу сæныччы чысылæй уазæгæн сихор куы акæнис: дæхицæн - минас, дæ уазæг - райгонд (Г. С). 3. Уæд Фæрнæг фынгтæ равæрын 18
кодта иу кæронæй иннæмæ. Фынгтæ фæтасын нæ куымдтой алы хæринаг æмæ нуазинагæй (Н.к.). 4. Рацыдтæн уырдыгæй. Æрбахæццæ дæн иу дуармæ. Дуарæн йæ фæстæ гадза, заинаг гадза, хуыссы. Куыддæр йæ рæзты æрбахызтæн, афтæ, йæхæдæг фынæй уыди, фæлæ йæ хуылфæй йæ къæбылаты рæйын ссыди. Тынг дис мæм фæкасти уый. Уый та уый нысан кæны, æмæ ахæм рæстæг æрцæудзæн, кæстæртæ хистæртæн уынаффæгæнæг кæд уыдзысты, зонд сын кæд амондзысты (Н.к.). 5. Сомбон хъæубæстæ хæдзарæн лæгæй хос кæрдынмæ цæуынц (А.). 18-æм фæлтæрæн. Саразут хъуыдыйæдтæ лæвæрд дзырдтæ æмæ дзырдбæстытимæ: мæтæй мæлын, згъорын райдайын, тыдтытæ кæнын, дзурæг уæвын, афтид уæвын, æнхъæлмæ кæсын, цин кæныныл фæвæййын, кафын фæндын, нымад уæвын. 19-æм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут, цавæр къордтыл адихгæнæн ис нысангонд дзырдбæстытæ сæйраг дзырды морфологион арæзтмæ гæсгæ. Алы къорды дзырдбæстытæ дæр хицæнæй ныффыссут. 1. Прокуроры куыст тынг бæрнон у æмæ, дæхи ныхасмæ гæсгæ, ахæм хъуыддæгтæ тынг лæмбынæг æвзарын хъæуы. 2. Корис, зæгъгæ, фæхъæр кодта, æмæ йæм дард кæцæйдæр æрбайхъуыст куыдзы рæйын. 3. Бечыр йæ цыд уæлдай тагъддæр нæ фæкодта, афтæмæй сабыргай бацыд хъæргæнæгмæ (Дз.К.). 4. Дари æмæ зæлдаджы фæлыстæй бадти къæлæт бандоныл Биганон (К. А.). 5. Сывæллæттæй йын чидæр куыд бацамыдта, афтæ йæ худы тенкайы мидæг ныннадта цавæрдæр бызгъуыртæ (Дз.К.). 6. Былгæрон зæххыл æдыххауд æркодта æмæ, цасдæр дæлгоммæ фæхуысгæйæ, хæкъуырццæй фæкуыдта (Хъ.С). 20-æм фæлтæрæн. Рафыссут мивдисæгон дзырд- бæстытæ бынаты, афоны, нысаны, къæпхæны æмæ бадзырды фадæтты синтаксисон ахастытимæ. 19
1. Æвæццæгæн, сæхи найынмæ азгъордтой. 2. Хайуан равзарынмæ дæсны дæ, Угъалыхъ, уый тыххæй гæды зæгъæд дæ фыдгул, фæлæ фыдæнæн фауынмæ та ноджы дæсныдæр дæ (М. Д.). 3. Æмæ йæхинымæр сфæнд кодта уыцы мæстытæ райсыны тыххæй ног байраг схæссын (М. Д.). 4. Бæлæстæй æмæ къутæртæй мæргътæ цин кæнынц боны ралæудыл, хуры скастыл (К. А.). 5. Абысалæн дæр йæ мады кæуынмæ йæ цæстытæ ногæй фестадысты суадæттæ (Хъ.М.). 6. Фæндаггон адæм амалæн конд сты, æмхуызонæй фæрогдæр кодтой се ’мбæлтты тыхст æмæ атындзыдтой сæ фæндагыл. 7. Хъæдысæры быдырдзауты нырма дыууæ æхсæвы лæууын хъæуы фæндагыл. 8. Хæрзбон загътой ныхасы адæмæн æмæ уыцы иу растæй донбылты Згъилмæ баивгъуыдтой (А. И.). 9. Чызгæй дæр уарзта Батай Цæрæхоны (Б. Ч.). 10. Хъуыддæгтæ æмдзуарджыныл афæдзæхстон æмæ чызджы агурæг атахтæн (Дз.М.). 11. Инал афтæ цæмæн кæны, уый йе ’мбæлттæ дæр нæ зонынц (Г.). 12. Ныр сын цæуынæн æдасдæр уыд: сæ фæдыл кæд, мыййаг, фæдис сыстад, уæддæр сæ Дзауы комы кæм агурдзысты? (Б. А.). 13. Кæд раст нæ дæн, уæд мæ Уациллайы зæдтæ сæ боны фæрæдийын нæ бауадздзысты (Хъ.С). 21-æм фæлтæрæн. Рафыссут номон æмæ фæрсдзырдон дзырдбæстытæ. Сбæрæг кæнут сæйраг æмæ дæлбар дзырдты морфологион арæзт. Бамбарын кæнут хæйтты ’хсæн синтаксисон ахастытæ. 1. Йæхи йын афтæ æрæгмæ кæй федтон, уый мæм æвзæрын кодта цымыдис (Хъ.М.). 2. Хæст кæд фæцис! Ды уымæй цас фæстæдæр райгуырдтæ!.. (Хъ.М.). 3. Бакастæй йæм йæхи æнгæс бирæ цæмæйдæрты фæкаст (Хъ.М.). 4. Куы нæуал фæфæразы сæхимæ, уæд йæ тинтычъи кæлмæрзæн йе уæхсчытыл баппары æмæ сыхæгтæй искæмæ рацæуы ныхасдзуан (Е. Т.). 5. Дæ ныхæстæ рæсугъд ысты, æхцон,/Æцæг сыл мыд æгæр бирæ æркодтай. 6. Уый хыгъд мæ ацы сахъгуырды мад иттæг хорз бамбæрста (Ш.). 20
ХУЫМÆТÆГ ХЪУЫДЫЙАД 4 §. ХЪУЫДЫЙÆДТЫ ХУЫЗТÆ Хъуыдыйæдтæ бæрæг кæнæм сæ арæзтмæ, модалон- дзинадмæ, загъды нысанмæ гæсгæ (функцитæм гæсгæ), сæ хæйтты бæрцмæ æмæ æнкъарæнджын (эмоционалон) ахуырстмæ гæсгæ. Сæ арæзтмæ гæсгæ хъуыдыйæдтæ дих кæнынц хуымæтæг æмæ вазыгджынтыл. Хуымæтæг хъуыдыйад арæзт у иу предикативон иуæгæй (хайæ), вазыгджын та - дыууæ æмæ фылдæрæй. Хуымæтæг хъуыдыйæдтæн вазыгджын хъуыдыйады мидæг нал вæййы кæроны интонаци, аивы дзырдты рæнхъæвæрд æ.а.д., уымæ гæсгæ сæ хъуыдыйæдтæ нал фæхонæм. Вазыгджын хъуыдыйæдтæн сæ мидис вæййы хъæздыгдæр, стæй, цы хуымæтæг хъуыдыйæдтæй арæзт вæййынц, уыдонæн арæх фендæр вæййынц сæ грамматикон нысаниуджытæ. Сæ модалондзинадмæ гæсгæ хъуыдыйæдтæ вæййынц фидаргæнæн æмæ æппæрццæг. Фидаргæнæн хъуыдыйæдты фидаргонд цæуы, ныхасы (хъуыдыйы) предметы тыххæй цы загъд цæуы, уый; æппæрццæг хъуыдыйæдты та æппæрццæггонд цæуы, ныхасы (хъуыдыйы) предметы тыххæй цы загъд цæуы, уый: Æрбабон. Нæма æрбабон; Зæрдæ нал агуры хьазын (Къ.). Æппæрццæг хъуыдыйæдтæ дих кæнынц дыууæ къордыл: иумæйагæппæрццæг æмæ хайонæппæрццæгтыл. Фыц- цаг къорды æппæрццæг хайыгтæ (нæ, нал, ма, мауал), æп- пæрццæг номивджытæ, фæрсдзырдтæ (никæй, макæй, никæд, макæд æ. æнд.^ æмæ æппæрццæг æмкъай бæттæгтæ (нал - нал, нæ - нæ, нæдæр - нæдæр, мадæр — мадæр) баст вæййынц зæгъинагимæ: Не ссардтай царды дæ нысан, агурыс афтæмæй цыт (Хъ.Æ.); Кæд нæм не ’фсымæртæ æндæр нииы фау хæссыни, уæд мах тынг разы стæм ууыл (С. У); Иуран дæр уыйбæрц хæзнатæ никуы ма федта (Хъ.А.). 21
Хайонæппæрццæг хъуыдыйæдты æппæрццæгад æвдисæг дзырд баст вæййы хъуыдыйады иннæ уæнгтимæ: Нæдæр ололийы зарæг хъуыст, нæдæр дынджырсæр уыджы æнæхъола марой (Хъ.А.); Роман мыхуыргонд не ’рцыд нæдæр иронау. нæдæр уырыссагау (Дж.Н.). Иуæй-иу æппæрццæг хъуыдыйæдтæн вæййы фидаргæнæн нысаниуæг, фидаргæнæн хъуыдыйæдтæн та - æппæрццæг нысаниуæг: Уæдæ дзы, мæ хур, дæумæ дæр чысыл бартæ лæвæрд нæ уыдзæни? (И.т.); Хорз сæххæст кодтат Биганоны амындтæ (К. А.). Хъуыдыйады грамматикон формæ фæамоны фидаркæнынад дæр, æппæрццæгкæнынад дæр бæттæг нæ - фæлæ-имæ: Ам нæ, фæлæ цыма зæххы чъылдымыл Абысал ном хъусгæ дæр никуы фæкодта (Хъ.М.). Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ амад бæттæгтæй (æрмæст... нæ - фæлæ...дæр, канд... нæ - фæлæ... дæр) баст куы уой, уæд ахæм хъуыдыйад уыдзæн фидаргæнæн. Зæгъæм: Ныхасмæ канд куырыхон лæгтæ не ’мбырд кодтой, фæлæ ма фæсивæд дæр («Р.»). Хуымæтæг хъуыдыйæдтæ ма, сæйраг уæнгтæ дзы ис æви нæ, уымæ гæсгæ дих кæнынц дывæрсыг æмæ иувæрсыгтыл. Дывæрсыг хъуыдыйады вæййынц дыууæ сæйраг уæнджы дæр. Хатгай сæйраг уæнгтæй искæцы цухгонд æрцæуы æмæ йæ базонæн вæййы контекстæй кæнæ ныхасы уавæрæй. Ахæм хъуыдыйæдтæ хуыйнынц æнæххæст дывæрсыг: Цоламæ калмæй уæлдай нæ каст Дзынга... Ноджы йæ бынтон нæ уарзта йæ худты, йæ хынджылæджы тыххæй (М.Д.). Иувæрсыг хъуыдыйæдты сæйраг уæнгтæй сæ иу цухгонд æрцæуы, æмæ йæ иннæ сæйраг уæнджы формæ фæамоны (Мыггагæй мæ ма фæрс (Къ.) кæнæ йын базонæн нæ вæййы (Нæ, æна, æнæ цæугæ нæй (Хъ.А.). 1 Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ ис æви нæй, уымæ гæсгæ хицæн кæнынц хуымæтæг даргъ (Нæ ныхæстыл нæ арфдæр хъуыды кæнын хъæуы (Ш.) æмæ хуымæтæг цыбыр 22
хъуыдыйæдтæ (Æз цæуын). Куыд иувæрсыг, афтæ дывæрсыг хъуыдыйæдтæ дæр вæййынц æххæст æмæ æнæххæст: - Ахсæв хуыссыны размæ скуывтай, Дездемонæ? - О, мæ ахсджиаг; - Зæгь-ма, фæндаг дын чи амыдта ардæм? — Мæ уарзондзинад (Ш.). Хъуыдыйады арæзты стыр бынат ис интонацийæн. Уый æххæст кæны грамматикон æмæ стилистикон функцитæ. Хъуыдыйæдтæн вæййы парадигмæтæ, кæцытæ æвдыст цæуынц зæгъинаджы алыхуызон формæтæй: Азæу хорз чызг. — Азæ уыдзæн хорз чызг. - Азæ уыдаид хорз чызг. — Азæ уыди хорз чызг; Мæнæн уыди уазал. — Мæнæн уыдзæн уазал. 22-æм фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут æппæрццæг хъуыдыйæдты грамматикон арæзт. Бацамонут сын сæ хуызтæ. 1. Нæ Ирбæсты дын искæй дæ зæрдæйæ куыд фæхауæггаг кæной, афтæ дæ æнустæм зулдзыхæй дæр ма фæуадзой (Хъ.М.). 2. Адæймаджы йæ тыхст, йæ мæгуырдзинад кæм нæ балæууын кæндзысты! (Ц. М.). 3. Пысыра кæддæриддæр налат кæм нæу (С. Л.). 4. Калм дын йæ сæр ма радара! (А.). 5. Боныцъæхтæм сусу-бусуйæ ма банцайой! (Хъаз.М.). 6. - Нæй, мамæ, нæй афтæ гæнæн. Адæймаджы æгъдау куы æрцахса, уæд къудзиты фæстæ æмбæхсын лæгдзинад нæу. Хъуыды ма кæныс Бæппуйы ныхас: æхсæры бын оффытæй нал у? (Б. М.). 7. Куыннæ сбуц кодтаиккой Уæлладжыр ахæм цытджын барæджы. Иу абонæй иннæ абонмæ фынгтæ нæ систой, хъазт нæ райхæлд (Хъ.А.). 8. - Уæдæ ууыл уыд дæ тох? - ферттывта цуаноны сæры, фæлæ йæ хъуыды æргом нæ загъта. - Нæ, ам æндæр хин ис (Хъ.М.). 9. Æртæ лæгæн иу хуыкком цы ракъахын хъæуы. Ныр, йæхæдæг дæр ын бæлвырд ницы базыдта, цæмæн, фæлæ дæрддзæгбæрæгау цыд Къуыбыррихимæ. Фæлæ дын уымæн ахæмтæй йæ хъусыл гуыркъо ма ’рхауа (Хъ.М.). 10. - Азæмæт, лæг зындзинæдтæй хъуамæ макуы тæрса, уæнда рæстдзинад дзурын (X. А.). 23
23-æм фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут хъуыдыйæдты хуызтæ: фидаргæнæн, иумæйагæппæрццæг, хайонæп- пæрццæг. 1. Сæ къабæзтæ тилдзысты буц фæрвытæ. Рæхснæг æмæ къæбæлдзыг нæзытæ дæр расыг кæндзысты сæ писийы тæфæй (Хъ.С). 2. Æз цагъайраг нæ дæн. Æз нæ хæссын къæлæт. Фæлтау дардыл мæ туг донау уайæд, кæлæд! (Н.). 3. Рагæй æрæгмæ/Никуы мæм бабæллыд/Бирæгъ хæстæгмæ (Къ.). 4. Лæгдзинад маст исынæй нæу, - быхсынæй. Мæ лымæнтæй та ам чи ис, уыдон мæнæн ницы сты, æмæ сын ахъаз макуы ракæн, фестын сæ кæн ницы (Ш.). 5. Дзырды бар кæй уадзы, кæй фæрсы фæндæй? (Къ.). 6. Фсатийæ зæронддæр дауджытæм кæм и? (Къ.). 7. Адæймагыл цас фылдæр хъуыды кæнын, уый бæрц мын йæ сусæгдзинад къаддæрæй-къаддæр нæ кæны, фæлæ фылдæрæй-фылдæр (А. Г.). 8. - Æнхъæлдæн æмæ куывд уæхæдæг бахордтат!.. - Куы нæ! - уæндонхуызæй зæгъы Буцкæ. - Ахæм хабарæй нæм ницы ма уыд... 9. - Хæдæгай, каст фæдæ æви нæ? - Фæдæн, фæлæ... куыстмæ хуыздæр кæдæм бацыдæуа, - зæгъынмæ хъавыд Буцкæ, фæлæ, афтæ раст нæ уыдзæн, уый фембæрста æмæ ма, йæ былалгъыл цы ныхæстæ аззад, уыдон нынныхъхъуырдта. - Фæлæ цы? - æваст æй афарста. - Трактористы гæххæтт райстай? - Ау, се ’ппæты разæй йæ мæнæн куы радтой! - йæ риуы дзыпмæ февнæлдта Буцкæ (С. Л.). 10. - Цæфтæ мысын зын у, фæлæ нæ радзурис цыбырæй, уыцы дыууæ ордены дын цæй тыххæй лæвæрд æрцыдысты, уый? Хæрз цыбырæй (М. Д.). 11.- Сармадзанты цур иу-дыууæ салдатæй фылдæр никæй цур уал ис... Мæнæ мах цы стæм, æз æмæ ды... Феххуыс ма мын кæн (Бабырыд æм старшинайы æххуысæй. Машинæйы хъæр. Æрбахызт артполчъы командир-майор). - Æмбал командир... - Нæ хъæуы. Цæф дæ? - Чысыл цъæррæмыхст. - Æгонгæй, æмбал майор... Къах дæр æмæ къух дæр пырх сты... - Хъыгаг у... Ныртæккæ нæ госпитальмæ не ’вдæлы... - Старшина, гил- 24
дзытæ сармадзанмæ фæхæстæгдæр кæн. (Старшина азгъорд- та). Ма йæм хъус, Иван Константинович! Рог цæфтæ дæн. 24-æм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут, æппæрццæг хъуыдыйæдтæ кæрæдзийæ цæмæй хицæн кæнынц. Цуанон лæгмæ фыдбылыз æмхиц кæм нæу (Н. Г.). Лæппутæ сæ сæ фæдыл хуыдтой, фæлæ ма хъазыны зæрдæ кæм уыдис Сосланæн (Н. Г.). Хох та æдыхтæм æгъатыр кæм нæ уыд! (Н. Г.) Оххай, уанцон æмбæхст нæу, лæгæй чи бамбæхса, ахæм лæппутæ мын не сты (И.т.). 25-æм фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут хуымæтæг хъуы- дыйады хуызтæ сæ арæзтмæ гæсгæ (дывæрсыг, иу- вæрсыг). 1. Цæйут, æфсымæртау/Раттæм нæ къухтæ/Абон кæрæ- дзимæ, Иры лæппутæ!.. (Къ.). 2. Талынг. Сабыр. Æрныл- лæг/Арв, æрыхгæдта ком. Уары. Рогвад сæлфынæг/Къæйтыл калы йæ бон (X. Т.). 3. Уымæн та йæ рахæцæн сты сабийы худаг, цинæйдзаг цæстытæ... Сæ хъысмæттæ кæмæн - æргом, кæмæн - куырмæлхынцъытæ... Рæзынц... Фидæнмæ цæуынц чи ныфсхаст къахдзæфтæй, чи æфхæрд æмæ мастæй хъæдгом зæрдæимæ (X. А.). 4. Æмæ ныр афтæ амондджын дæн æз,/Æмæ тæрсын, мæ сомбоны, мыййаг,/Куы нæуал фенон уый хуызæн хæрзамонд. 5. Мæнгарддзинад уæдмæ вæййы æмбæхст, суа цалынмæ æгасæй дæр æххæст (Ш.). 6. Лæджы зонд абон афтæ тынг кæрды, - зæхх карды комыл саугуырмæй фæтулы, у кард та ахæм: бафу йыл кæ ’рду, æмæ фæдыууæ (Хъ.Æ.). 7. Нæ цард у тухи./Уый мидæг и н’ амонд - æнæ тухи нæй амондæн уæвæн.../Куырдадзы комы ссыгъдæг ис æфсæйнаг (X. К.). 8. Ехх, ныр сæрибарæй ацæр дæ уалдзыгон бонты (Г. С). 9. - Дæлейы - сæрсæфæн ком, уынгæг æмæ тæссаг талынг, разæй - æбæрæг бæрзонд, тæссагдæр сæрзилæн рындз (Дж.Ш.). 10. Уæддæр фæдисхъæрмæ хъусынæй не ’фсæды - сывæллон цъæхахстимæ фæзыны рухс дунемæ (М. С). 11. Фыдыбæстæ, 25
дæуæй/Мæнæн зынаргъдæр, адджындæр/Нæ уыдис æмæ нæй! (К. М). 12. - Адæймагæн маст æмæ тасæй знагдæр нæй ахæм уавæры. - Бамбæрстам дæ. Раст у дæ ныхас (М. Д.). 5 §. ХЪУЫДЫЙÆДТЫ ХУЫЗТÆ ЗАГЪДЫ НЫСАНМÆ ГÆСГÆ Загъды нысанмæ гæсгæ хуымæтæг æмæ вазыгджын хъуыдыйæдтæ вæййынц таурæгъон, фарстон æмæ разæн- гардгæнæн. Уыдон сты хъуыдыйады функционалон хуызтæ. Таурæгъон хъуыдыйæдтæ сты ахæмтæ, исты цауы, фæзынды, хабары тыххæй хъусынгæнинаг кæм вæййы. Уыдон загъд фæцæуынц таурæгъон хъæлæсы уагæй: хъусынгæнинаджы вазыгджындæр дзырдыл хъæлæс фæбæр- зонддæр вæййы (логикон цавд ыл фæхауы), уыцы дзырдæй фæстæмæ та хъуыдыйады кæронмæ хъæлæс фæныллæг вæййы. Таурæгъон хъуыдыйады сæйрат амоны ныхасы предмет. У логикон субъект, зæгъинаг та йын æвдисы йæ модалондзинад æмæ афон. У логикон предикат. Фарстон хъуыдыйæдты вæййы фарст, кæцы лæвæрд цæуы исты базоныны тыххæй. Фарстон хъуыдыйад дзу- рын хъæуы фарстон хъæлæсы уагæй. Уыдон дих кæнынц æртæ къордыл: сæрмагондфарстон, фарстон-риторикон, фарстон-разæнгардгæнæн. Сæрмагондфарстон хъуыды- йæдты фарстæн æнæмæнг дзуапп раттын фæхъæуы. Дзурæг йæхимæ дæр ахæм фарст фæдæтты, фæлæ йын йæ бон дзуапп раттын нæ вæййы. Фарстæй уæлдай ахæм хъуыдыйæдтæ фæнысан кæнынц дис, фæсмон, дызæрдыгдзинад: Цæй æрæгмæ мæм фыссы мæ хъæбул? (Хъ.С). Фарстæн раттæн вæййы дыууæ хуызы дзуапп: фидар- гæнæн кæнæ æппæрццæг хъуыдыйадæй. Зæгъæм: - Æмæуæд мæнæн тас нæу? (М. Д.) Фарстон хъуыдыйæдтæ архайдмæ дæр фæразæнгард кæнынц: — Наиа, цымæ цавæр диссаг уыдаид? Нæ мын æй зæгъис? (Æ. Ц.). 26
Фарстон-риторикон хъуыдыйæдтæ фарстæн дзуапп нæ фæдомынц, уымæн æмæ дзуапп вæййы фарстæн йæхи мидæг: фидаргæнæн кæнæ æппæрццæг: Стонг æмæ фæлладыл/Тых хуыссæг кæм нæу?..; Лæгдзарм тæнæг у,/Æлдар фыд лæг у,/Мæлын кæй фæнды?.. (Къ.). Фарстон хъуыдыйæдтæ аразыны сæйраг фæрæзтæй иу у фарстон интонаци. Фарстон хъуыдыйæдтæ аразынæн спайдагæнæн ис ахæм лексикон-грамматикон фæрæзтæй: фарстон хайыгтæй (цымæ, цы, и, нæ, гьы, уæй, циу, уæдæ), фарстон номивджытæй (чи, цы, цавæр, кæцы, кæцон, кæдыккон, цас) æмæ фарстон номивæгон фæрсдзырдтæй (кæм, кæдæм, кæцæй, чердæм, кæд, кæдмæ, кæдæй, цæмæн, цæмæ, цæй тыххæй, цас, цæмæ гæсгæ æ. æнд). Фарстон номивджытæ æмæ фæрсдзырдтæ вæййынц хъуыдыйады уæнгтæ, хайыгтæ нæ: - Уый дæ сæры иугай урсытæ куы фæзынд. - Иугай? И? (Хъ.С); Цы хабар мæм схастай? (Хъайт. С); Куыд у лæппу? (М. Д.); Чи стут? Цавæр адæм стут? Кæдæм цæуыс, хорз лæг? (Æ. Ц.); —Дзула йæхи æрыгон кæнынмæ уыд. - Æмæ?.. (М. Д.). Разæнгардгæнæн хъуыдыйæдтæ хуыйнынц ахæмтæ, дзурæджы фæндон чи бæрæг кæны. Сæ нысан у исты архайдмæ разæнгард кæнын. Уыдон февдисынц: фæдзæхст, домæн, бардзырд, фæндон, лæгъстæ, сидт, арфæ, курдиат, уынаффæ, барлæвæрд æ. æнд. Разæнгардгæнæн хъуыдыйæдтæ аразыны лексикон- грамматикон фæрæзтæ сты: 1) разæнгардгæнæн хъæлæсы уаг; 2) фæдзæхстон здæхæны мивдисджытæ (хатгай иннæ здæхæнты мивдисджытæ дæр) æмæ 3) разæнгардгæнæн хайыгтæ (уадз, уадз æмæ, цæй, цæй æмæ, стæ, стæ-ма, марадз, марадз-ма, бавдæл æмæ æ. æнд.): Райдай та, марадз!: Гъей. хъусыс!; Цæй. ныууадзæм уыцы кой; Уадз æмæ йæ алчидæр фехъуса! (Дз.К.). Дзургæ ныхасы разæнгардгæнæн хъуыдыйæдты хæс феххæст кæнынц фæдзæхсты, домæны, бардзырды 27
нысаниуæгимæ номдар, фæрсдзырд, æвастхъæр: Æмдзæгъд\ Уазæгæн иу кафт\ (Ц. М.); - Ныххатыр кæн... - Иуварс\ (Хъ.А.); - Цы дæм дзурын! Марадз! - сдзырдта та Михел (Б. Б.); - Кьæдзæх! Фæстæмæ! — æваст цъæхахст фæкодта Темсыр (Дз.К.); Гъей! Гъей\; С-с-с! 26-æм фæлтæрæн. Зæгьут, хъуыдыйад цавæр у загъды нысанмæ гæсгæ: таурæгъон, фарстон, разæнгардгæнæн. Фарстон æмæ хъæрон хъуыдыйæдты кæрон стъæлфыты бæсты хъæугæ æрхæцæн нысæнттæ сæвæрут. 1. О, стыр æмæ диссаджы рæсугъд уыд Былауы хъæд. Уарзта йæ Тарбег (Б. Т.). 2. Стырдоны сæр-сæрмæ гуырысхогæнæгау байхъусынц - цæуыл у йæ катай, цæмæн фæкъуыхцы йæ зарæг? (М. С). 3. Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййы йæ рæзгæ бонты цард./Фæлæ уæддæр, ныййарæг зæхх, дæуæн æмбал кæм и./Дæуæй зæрдæйæн адджындæр, зæгъ-ма мын, чи у, чи.../Æмæ дæ никуы ратдзынæн ызнагæн, зон уый ды,/Фæлтау мæлæт ыссардзынæн дæ сæрвæлтау хæсты (К. М.). 4. - Фесæфа йæ кой хæстæн, - йæ бæзджын æрфгуытæ фелхынцъ кодта. - Нæ туг нын бацъырдта... Ныртæккæ та куыд у де ’нæниздзинад, дæ цæфтæ дæ тынг хъыг дарынц? (Дз.Т.). 5. Уæдæ уарзондзинад мусонджы цы ми кæны. Алцы дæр галуанмæ цæуы. Хур дæр галуантæм тынгдæр кæсы. 6. Зæгъæм, мæнæ æз. Цæмæн фæзындтæн ацы дунемæ. Цы у мæ цард. Цæмæн хъæуын. Кусын дохтырæй, æмæ уый хорз у, фæлæ æрмæст уый тыххæй фæзындтæн. Нæ. Æрмæст уый тыххæй нæ. Æз, куыд сылгоймаг, афтæ дунемæ фыццаджы-фыццаджыдæр фæзындтæн уымæн, цæмæй мад суон. О, уымæн (X. 3.). 7. - Адæймаг... Цы у адæймаг, - хъуыды кодта Баде, - цы тых æм ис. Цы бакæнын йæ бон у. Гъы, цы дæн æз... Фæлæ адæймæгтæ дæр æмхуызон не сты. Ис ахæмтæ, æмæ... мæ хуызæттæ чи нæу. Æз уыдоны раз, Хъазыбеджы хохы цур змисы мур цы у, уымæй уæлдай нæ дæн. Мæнæ нæ хъæуы писыр. Мæ бон нæу мæхи ууыл абарын. Кæнæ дуканийы 28
хицау Созо. Ууыл хи абарын дæр худæгау у. Æмæ куыннæ. Уый ахуыргонд у, стыр ахуыргонд, æз та... Цы дæн æз, чи дæн. - Дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр - фыййау кæйдæр фосы дзугæн (Т. Б.). 27-æм фæлтæрæн. Бацамонут хъуыдыйæдты хуызтæ: сæ арæзтмæ æмæ загьды нысанмæ гæсгæ. 1. Ралæууыд фæззæг. Быдыртæ фæбур сты. Арв ма сæрдыгон арвау уыдис сыгъдæг, фæлæ ныр фæфæлурсдæр. Хур, куыд фæтавы, афтæ нал тавта. Ахæм рæстæджы уæлдай æнæнцой вæййынц, хуссармæ чи фæтæхы, уыцы мæргътæ. Уыдонæн даргъ æмæ зын у сæ балц. Цы рæдыдтытæ, цы бæллæхтæ сыл нæ сæмбæлы фæндагыл! Бынатæй чи атæхы, уыдон се ’ппæт нæ фæхæццæ вæййынц хъарм бæстæм: бирæ дзы фесæфы. Хъуырруйы хърихъуппытæ, къорды хистæртæ, æмбæрстой фæндаджы зындзинæдтæ æмæ уыцы сагъæсхуыз уыдысты, тæхыныл хъуыды кæнын куы байдыдтой, уæдæй фæстæмæ. Хистæрты хистæр Хъуырруй йæхæдæг уыдис. Уый æдзухдæр хъуыды кодта сæ фæндагыл. Йæ алыварс- иу æрбамбырд сты, балы ма цы æртæ хистæры уыдис, уыдон. - Цæй, куыд зæгъыс, Хъуырруй, тæхæм æви нæма? - Багъæцут-ма чысыл (М. Д.). 2. Дзурыс!.. Цы дзурыс?/Исты кæд дзурыс? Хатынтæ райдай!/Йе дæм кæд маст и,/Истæуыл хъаст и,/Сау сагъæс, катай?/Суры дæ кæд Дурхор хъысмæт? (Ц. А.). 28-æм фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут фарстон хъуы- дыйæдты хуызтæ (сæрмагондфарстон, фарстон-разæн- гардгæнæн, риторикон-фарстон) æмæ фарст равдисыны лексикон-грамматикон фæрæзтæ (фарстон интонаци, дзырдты рæнхъæвæрд, фарстон дзырдтæ). 1. Уддзæф дæлейæ уæлæмæ кæрдæджы хал кæрдæджы халимæ кæны бийæгау. Хæссы нæм Хъæсæйы хъæлæс. - Куыд дын æркуымдтой ахсын? 29
- Былы сæрмæ сæ нарæг бахизæныл басайдтон. - Стæй, стæй? - Размæ сын ахизæн нал уыдис. - Æмæ? - Фæндаджы иу фарс - карст хох, иннæрдыгæй - ахауæн... - Фæстейы та - дæхæдæг, æмæ сыл хæц. - Нæ, фæлæ дын уырдæм куыд бакуымдтой? - Хохы скъуыдаумæ сæ батардтон. Цы гæнæн ма сын уыд? (Хъ.М.). 2. Нана. Цы архайыс, чындз? Уый æндæр куы нæ сты уыцы хордзентæ, цытæ сæ тьысыс уагæры? Цы хуызæн дæ уый? Дæ кæлмæрзæн кæм ис? Сау дарыс? Бызгъуыртæ цы скодтай? Скæс-ма дын куы зæгъын! Дæ цæсгом дыл æрхауæд! Уый цæй хуызæн дæ? Кæуынæй кæй буц кæныс? Хазби йæ хъуыддаг дæ куыды тыххæй нæ ныууадздзæн. Цæмæн ын уæлдай зæрдæниз кæныс? Цæуыл кæуыс? Иу ахæм никуы райгуырди, никуы амарди? Æгайтма йæм ахæм тых æмæ ныфс ис, æмæ сæрибарыл йæ сæр хæссы, æгас адæмы æфсæрмы цæуы, æмæ йæм сæрибар адæм хъусынц, сæрибар дзыллæты худинаг йæ сæрмæ нæ хæссы. Цин цæуылнæ кæнут? (Б. Е.). 3. Фынддæс азы æнхъæлмæ фæкастæн, бæллыдтæн ацы бонмæ... Фæлæ ныр цы? Цы кæндзынæн дарддæр?.. Искæй ма хъæуы мæ цард? (К. А.). 4. Цæмæн систа йæ сæр афтæ бæрзонд? Дымгæ, мыййаг, банцад? Æмæ ма уæд лæгæты къуымты цы къуыс-къуыс кæны? (Ц. М.). 29-æм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут фарстон хъуы- дыйæдты нысаниуджытæ: сæрмагондфарстон, фарстон- фидаргæнæн, фарстон-æппæрццæг, фарстон-разæнгард- гæнæн. Бацамонут фарстон хъуыдыйæдтæ аразыны лексикон-грамматикон фæрæзтæ. 1. Фæлæ уыцы сынты базыры хуызæн знæт æфсургъ йæ размæ кæцæй тахт? (Æ. С). 2. Уый та куыд? Кæд чиныджы 30
никуы уыдис, уæд æй адæм куыдæй зонынц? (Б. Т.). О, гормон фæуинаг, бæх къахæй цæвгæ кæд федтай?! (А. Г.). 3. Цæй, ныр мын æй зæгъ, уыцы сырдтæй сырддæр кæцы у! Лæг æви сырдтæ? (Г. С). 4. - Цы ныхъхъус дæ, Ефим? Бафæлладтæ, æнхъæлдæн? - сдзырдта йæм Володя æмæ æрлæууыд, бæласыл банцой кодта (Б. Е.). 5. Цы фæуон, цæй?.. Цæуон!... Кæдæм?! Уæд диссаг, кæс! Цæй фын!.. Фын циу?! (Н.). 6. Ай та цы диссаг у? Дис дæр куыд нæ кæнай! Афтæ цæмæн у? - фæрсдзынæ. Цæмæн, зæгъыс? Де ’мбал дын сиддзæн... (Къ.). 7. Зджыды рæсугъдæй цы базыдтаиккат? - Æртарф и, - загътой рæгъаугæстæ (А.). 8. - Чи дын у ай, чи?! Цы дæ ратон-батон кæны? Цы йæ хъæуы махæй? (Хъ.С). 4. - Сыдæй нæ мæлыс? Æмæ дуæрттæ дæлæ-уæлæ фегом кодта. 10. Куы аджих дæ? Сомбон нæм цы ’нхъæлмæ кæсы, цыма нын уый зæгъдзынæ (Б. Гр.). 11. Адæймаг дæр дуне у, æрмæст чысыл дуне. Æмæ мæ дуне ныртæккæ цы уавæры ис, ахæм уавæры кæдмæ уыдзæн. Цы у мæ цард? Цæмæн равзæрдтæн? Цæй охыл цæрын? Зонын æй: адæймаг райгуыры æмæ амæлы иунæгæй, фæлæ хъуамæ цæргæ дæр иунæгæй кæна? Æмæ ма бирæ æндæр сагъæстæ сæры сæлхынцъ вæййынц, æртыхсынц мыл, бындз хæлуарæджы тынты куыд бахауа, афтæ сæ азары бахауын (А. Г). 12. Хъæлдзæг æнгасæй фæкæстæрхуыз Дæгка, фæлæ йæм чи уæнды? 13. Уæвгæ, дымгæйы къуыззиттæй цы фехъуыстаид? 14. Æмæ хистæрты йеддæмæ нæ хъæуы ничи ис? 15. Ау, дæхимæ раст кæсы ацы хъуыддаг? 16. Чермен, Чермен, цы ми кæныс ам кæрты?/Фæдисы бон куыд æмбæхсыс? (П. Г). 30-æм фæлтæрæн. Хъуыдыйæдты ’хсæн ссарут рито- рикон фæрстытæ. Бамбарын кæнут алы хъуыдыйады хуыз дæр йæ арæзт æмæ загъды нысанмæ гæсгæ. 1. Адæмы ныхмæ цы уæйыг фæлæудзæн? Чи сыл фæуыдзæн уæлахиз æхсарæй? (Г Ц.). 2. Циу мад йе фыд, кæннод æфсымæр,/Куы ’вæрой удыл уаргъ, къæлæт? (Н.). 31
3. Уæд кæмæ тахти дæлæмæ,/Чи йын зыдта йе ’рцæуын? - /Сау нымæт - йæ уæлæ æмæ/Урс басылыхъхъ - йе ’фцæгыл!.. (X. С). 4. Хæр, нуаз æмæ чысылгай уарз.../Мæ сæрмæ ахæм цард куыд хæссон?/Æнæ цъар апп нæ вæййы царды!/Фæлæ мыл ма баууæнд! Цæв мæ!/Лæг хъуамæ райгуыра нæ тохæй!.. (М. В.). 5. Ирон æфсарм! Кæд къорд хатты дæуыл æз сусæг-æргом рацыдтæн мæнгардæй,/Кæд мисхал дæр нæ бафтыдтон дæ фарныл,/Уæддæр дæуыл, дæуыл лæууы мæ уд! (X. К.). 6. Цы кодта Хъæвдын? Цы мастæй тайы йæ сæры магъз? Цы хъыгдзинадæй судзы йæ зæрдæ? (К. А.). 7. Мæ зæрдыл дæ дарын цы ныфсæй фæразон, мæ райгуырæн бæстæ, мæ фыдæлты зæхх? (Къ.). 8. Йæ хæдзары сусæгдзинæдтæ адæмыл чи хъæр кæны? 9. О гыцци, кæд уыдзæн? -/Райс-ма, цæй, дæ аг! (Къ.). 10. Нæ бæстæм, нæ бæстæм, нæ къæхтæ!/Нæ бæстæм!.. Знагæн йæ ныхмæ æрлæууæм тымбыл дур, лæдзæгæй (Н.). 11. Гъей, зæрдæ, дæуимæ/Кæй бон у хæцын?!/Цæмæн-иу мæм касти/Мæ сæфт хуры хай?/Цæмæн-иу фæраст ис/Мæ рæзты чызгай? (Къ.). 31-æм фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут, цавæр лексикон- грамматикон фæрæзты руаджы арæзт сты фарстон хъуыдыйæдтæ. 1. - Уый цы ми кæныс, Симон? - бафарста Тедо. - Цы ми кæнын? Мæнæ карк нард кæнын Джеуæргуыбамæ. - Куыннæ стæй! - Уæд цæуылнæ? 2. - Кæдæм цæуыс, кæ Тедо? Тедо нал ракасти фæстæмæ, ницыуал сдзырдта. Симон иунæгæй баззади æмæ дис кодта, цымæ цæмæн ацыди Тедо. Цымæ нал рацæудзæн? (К. А.). 3. - Бакæс-ма, Симон, уыцы бабызмæ. - Бабыз? Бабыз та цы у? Не ’лдар дæр карчы фыд йеддæмæ куы ницы хæры. Фæлæ Тедо дзуапп лæвæрдта: - Карк? Карчы бабызимæ иу кæныс? (К. А.). 4. - Ау, уый та куыд?! Цы дыл æрцыди? Кæм, цы ран цымæ сты ныртæккæ? Цас ма сæ хъæуы цæуын? Кæдæм дарынц сæ фæндаг? - Цы зæгъыс, куыд дæм кæсы мæ фæндон? (Г.). 5. Кæй зæрдæ тæры сæфты 32
кой кæнын! Кæй æвзаг тасы ныфсдæттæн ныхасмæ! (Дз.К.). 6. - Уæ цæрæнбон бирæ, лæппутæ! Ныфс æмæ æхсар кæй ис, уый бæлвырд у, фæлæ дзыхджын та бæхджын у, фæзæгъынц, æмæ ма мын зæгьут, лæг та цæмæй лæг у? Раст дзуапп уæ чи радта, уымæн ацы кады нуазæн æмæ галы сгуы... - Ходон, ды та куыд зæгъыс? - йæ галиу цæст чысыл фæцъынд кæнгæйæ, бафарста Айдарыхъо. - Лæг йæ ныхасæй лæг у, - цыбыр дзуапп радта Теде (Хъ.А.). 32-æм фæлтæрæн. Ссарут разæнгардгæнæн хъуы- дыйæдтæ æмæ бамбарын кæнут, разæнгарддзинад цавæр лексикон-грамматикон фæрæзтæй загъд æрцыди. 1. Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры, - /Гъе- мардзæ, исчи! - бынтон сæфт кæнæм! 2. Ахх, хъазгæ ’мæ райгæ куы фæхæссин дæу/Нæ ницæйаг дунейæ дардмæ (Къ.). 3. - Уæ, марг дын æрбауой, уæнгæл дын æрбауой мæ дзæбæхдзинæдтæ, мæ риуы ’хсыры цъыртт!/Тугæй сæ фæкалай, рондзæй сæ фæкалай,/Сахъдзинад кæмæ нæй, бонвыддæр чи кæны!. 4. - Нана! Æрбайхъус! Ма мæ ’лгъит, æгъгъæд у! (Къ.А.). 5. - Фарн уæм бадзурæд, хорз адæм! 6. - Курын, цæмæй зарæджы зына ацы ногдзинад. 7. - Гъы, исты ма бафтыдтай зарæгыл? - афарста Джериханы (Дз.К.). 8. - Æз сымах зарджыты заринаг, фæндыры цæгъдинаг куы нæ фæкæнон. 9. - Кæс-ма, кæс хæхтæм... Сæ хызы бынæй куыд зынынц хызгонд чындзытау... (Т. А.). 10. Адæм кæрæ- дзийы куы æмбариккой, уæд хорз уаид (А. Г). 11. Гъæйтт, лæппутæ, уæ хаст бæхты хорæй æфсадут, хъазтæлвæстæй, гæрзифтонгæй хæстмæ рацæут! (Н.). 12. - Зæххæй кæм уа фæлмæндæр, уым ныссадзон мæ гутон,/Куы фæтæрсон не 'лдæрттæй,/Мæ хъару ’мæ мæхæдæг,/Уæд фæхъæуон ме 'мгæрттæй,/Хæрам мын уæд дæ фæдæг! (Г С). 13. - Ныр куы бауис мæ фæндиаг,/Уæд мын хъæрæй ныззарис... (М. Т.). 14. - Цы загътон æз?! Рæвдз! - топпы гæрæхтау нæрыдысты йæ дзырдтæ! 15. Алæ, уыдонæй та цы кæнын! 3 Заказ № 53 33
33-æм фæлтæрæн. Разæнгардгæнæн хъуыдыйæдты бацамонут разæнгарддзинад æвдисæг лексикон- грамматикон фæрæзтæ. 1. Куы бамбæхсай барæй, уæд усы кæрдæны мыггагмæ фæхæт!.. (Къ.). 2. Цæуон, кæннод фæстейы баззайдзынæн. 3. Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ,/Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау (Къ.). 4. Ратдзынæ, Батырбег, дыу- уæ туманы... Куы нæ раттай, уæд дæ æз хицæутты къух- мæ адæтдзынæн! (К. А.). 5. - Цæй-ма, цæй, уæдæ мын астæн/Исты дзуапп ыссар! (Къ.). 6. Марадз, диакъон, ах- хуыс кæн Пъелойæн, рацахсут хъыбыл! (К. А.). 7. - Æхсар, ацырдæм! Ацырдæ-æ-æм! - тыгъд быдыры хъуысы сылгоймаджы хъæлæс (Ц. М.). 8. - Гъе ныр кæсут, кæсут, - загъта Бибо. 9. - Æрцæгъдут хорз! Æмдзæгъд! (Г. Ц.). 10. Нæ радзурис, уыцы дыууæ ордены дын цæй тыххæй лæвæрд æрцыдысты? (М. Д.). 11. Уадз, æмæ йæ сабибонты сывæллоны цардæй ацæра (Г. А.). 12. Уадз, цин кæна бæлас,/Уадз, хъазæд уал зæхх,/Уадз, хъазæд гæлæбу/Йæхицæн дзæбæх (Н.). 13. Мæ хъæбул! Куы ’рбацыдтæ, цæуылнæ мæм æруайыс? 14. Дæ нывонд фæуон, ацы лæппу, фæдисы разæй дæ мæ лæппу æййафдзæн, фæлæ йын йæ уд куыд нæ аскъуынай (А.). 6 §. ХЪÆРОН ХЪУЫДЫЙÆДТÆ Æнкъарæнтæ (дис, цин, маст, уарзт, хъыг, тас, дызæрдыгдзинад æ. æнд.) цы хъуыдыйæдтæ æвдисынц, уыдон хуыйнынц хъæрон. Дзурæм сæ хъæрон хъæлæсы уагæй. Таурæгъон, фарстон æмæ разæнгардгæнæн хъуыдыйæдтæ вæййынц хъæрон æмæ æнæхъæрон: Куыд хорз уыди! Куыд дзæбæх уыди уым! Дзæнæтæй цы кæныс? (Æ. Æ.); Усе дæ цæрæнбон бирæ æрбауа, мæ хойы гæбаз (Ц. И.). Хъæрон хъуыдыйæдтæ аразыны фæрæзтæ сты: æнкъарæн æвдисæг хъæлæсы уаг (цин, тыхст, гуызавæ, æлгъ, хæрам, маст, айуан 34
æ. æнд.), хъæрон хайыгтæ (цы, куы, куыд, æвæдза, тæхуды, и, цæй, кæм, марадз, цавæр æ. æнд.), æвастхъæртæ (ау, уæууа, æллæх, дæ-дæ-дæй æ. æнд.): Уый дыи бæгæны\ (Дз.М.); Æллæх. Дзыцца, цы ма уыдзыстæм\ (Дз.М.); Цас бирæ кадджытæ базыдтон, уастæн\ 34-æм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут хъæрон хъуы- дыйæдты нысаниуджытæ: хъæрон-таурæгъон, хъæрон- разæнгардгæнæн, хъæрон-аргъгæнæн. 1. Æмæ нæ хъæуккæгты ссарут! Фидар фæлæуут зынтæн! Араст ут! Ам мæ ныууадзут! Знаг кæд нæ бафхæрид мæн (П. X.). 2. О дуне! Цас егъау нывтæ кæнин,/Цы зарджытæ, цы кадджытæ ныффыссин,/Къæбæры мæт куы нæ кæнин æдзух./Мæгуыр цард мын куы нæ хæцид мæ хурхыл! (П. Г.). 3. Æрра! Йæхи гуылы бын æндзары, йæхи адæмы туг цъирдзæн. 4. Бирæгъ! Бирæгъ сабийы бахордта! (Хъ.М.). 5. Дзыццайы куыстытæ та кæд фæуыдзысты! (Дз.М.). 6. Дæлдзæх фæуæнт уазал фыд ихтæ, фыд рæстæг! Æгас нæм æрцæуæд сæрибар, нæ дарæг! (Г. Ц.). 7. - Уый хорз у! Æцæг, кæд тæрсгæ нæ, фæлæ æфсæрмы кæныс, уæд. Уый дын мæ быгъдуан фæуæд! Æрмæст куыд баныхас кодтам, афтæ: иунæг къахдзæф дæр нал фисынмæ!.. (X. А.). 8. - Ма тæрсут, мæ хуртæ! Фрицтæ мæн не ’хстой, мæнæ цъиуы æхстой. Фæсмон сæм æрцыд, куыд ма сæ аирвæзт ацы цъиу дæр! - йæ мидбылты бахудгæйæ, дзуапп радта Бетъа... (Дз.Т.). 9. Къæхтысæр фæндагыл сæгуыт дæр фæллайы,/Æрбады ’мæ фесты, гъей! (3.). 10. Уæззау 1943 аз. Сæрды кæрон. Хус æнтæф рæстæг. Нæ уынджы дæр бæрæгбон райдыдта, æмæ махмæ бакæсын - зæххыл нал хæцæм! Зæрдæ уæрыккау кафы риуы... (Б. М.). 11. Кæм ыстут, лæппутæ,/Æрцыди нæ дуг! Гъæйтт, размæ!../Ныккалæм Æлдарæн йæ туг. 12. Æз уыдтæн, æз дæн! Хуры ирд рухсæн, О лæг, нæй мæлæн! 13. Сыст-ма, фæзын нæм, нæ иунæг фæтæг!/Сæфæм æнæ дæу... Сыст, тагъд!/«Уарзут кæрæдзи, мæ Иры зæнæг!»/Иу хатт ма бафæраз загъд (Н.). 14. Цы удвидар басгуыхт нæ 35
дзырды фарн, уастæн! - Мæ уарзт мын, мæ маст мын æнусты фæхаста (Хъ.Æ.). 15. Охх, ардзынæ фыдбылыз! - куы йæ уыныс: сæгуытдзаст у, æнæрцæф, фæтыхсдзынæ, мыййаг, лæппу, дæ уарзты! Куы фæкæнай егъау бæлас фæрæтдзæф, йæ рахауд дæ уæд ма бафтауæд тасы! Зын фæндагыл кæд нæ вæййы рæдыд та! 35-æм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут æнкъарæнты хуызтæ æмæ, цæй руаджы æвдыст цæуынц, уый. 1. Лæг. Цæмæн цæрыс? Уæртæ уыдæттæ æвзарынæн?.. Нæ, фæлæ уд цы зынаргъ у! Афтæ уымæн у, æвæццæгæн, æмæ адæймаг иу хатт йеддæмæ нæ цæры (А. М.). 2. Хъал цы нæ кæны! Ницыфенæг цæмæйты нæ хъазы! (Дз.К.). 3. Ссардзынæн ма мæ амонд, къодах нæ дæн... Къодах? Къодах... Дæн къодах, дæн! Æмæ мын нал бантысдзæн ног цард - зонын сæ, зонын уыцы ныфсæвæрæнтæ! (Г. Б.). 4. Бæргæ мын фыд куы раттаид Хуыцау! - Цы диссаджы æвзыгъд кæстæр ын уаин! 5. Мæ боны дарæс, ме ’хсæвхуыссæн - иу.../Дада та ’лдар у! Хорз фыд ма цы вæййы!../Мæнæн фыд нæй. Мæнæн фыд нæй! Нæй, нæй! (П. Г.). 6. Уым æвзонг фæсивæд цас ис!/Цал дзы ис хæрзуынд, хæрзконд! (Б. Г.). 7. Куыд диссаг у адæймаг! Куыд ницы зоны фыццаг бакаст! (Б. М.). 8. - Сабитæ фæрухс кæнынц, мæ фæндæй, мад æмæ фыды фæндиаг! - йæ сабийы уарзт æй сдзурын кодта куывды ныхмæ. - Куыд?! - Цы загътай?! - Сабитæ?.. - О Хуыцау! Нæ Иры зæххыл фыдæй-фыртмæ кувынц, мад æмæ фыды лæггадæн доны уæлхъус дæр бафидæн нæй, зæгъгæ! Ныр... Сабиты лæггадæн нæй фидæн?! - О, сабиты лæггадæн нæй фидæн (Хъ.М.). 9. Цас бæллиццаг у фыййауы цард! Мæ цардæй æнцад, æнæмæтдæр у, æмæ йæм бæллын. Æхсыр æрдуцын æмæ уый бацымыны йеддæмæ дæ мацы æфсарм уæд!.. Уæдæ, 36
уæдæ!.. Уый дæр иу цард у. Лæг ном цæмæй скæна йæхицæн, ахæм нæу æрмæст. 10. Хорз адæм! Тæппуд сылы кæрдæны фæхæтæд цæргæ-цæрæнбонты, цагъайраджы къæлæт йæхи- цæн чи саккаг кодта! (Б. Е.). 36-æм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут хъæрон хъуы- дыйæдты нысан текстты. 1. О мæнæ лæппутæ,/Сæдæ фæцардтæн æз, фæлæ нырма/Фыццаг хатт федтон афтæ тынг дзыназгæ/Лæджы зæрдæ: йæ цæстыты сыг калд/ - Йæ рустыл нæ - æмбæхстæй сæ ныхъуырдта!../0, адæймаг æнæ цæсты сыгæй/Куы фæкæуы - нæй уымæй зындæр ницы!../Мæлæт нын уæд, мæнæ лæппутæ, мах/Йæ тыхсты бон куы нæ фæхæцæм ууыл!/Æз та уæ разы ард хæрын, лæппутæ,/Фæнды мыл худæнт, зарæг мыл кæнæнт,/ - Уæддæр ирæд нæ райсдзынæн Черменæй! (П. Г.). 2. Цæй диссаджы рæсугъд, цæй диссаджы райдзаст вæййынц нæ хæххон быдыртæ æмæ фæзтæ хосгæрдæнты!.. Алы удгоймаджы зæрдæ рухс кæны сæ уындæй. 3. - Гъе лæппу! Рахиз мæкъуылæй, рацу ардæм! - бадзырдта лæппумæ Хъæвдын. 4. Уæлæ хъал чызг! Кæддæр дæ зæрдыл æрлæудзæн ацы бон! Стæй йæ бæх ныццæфтæ кодта æмæ фатау атахти. - Цæй æнамонд дæн! - сдзырдта йæхинымæры Ханиффæ (К. А.). 5. Дзыгыда æрхауд йæ уæр- джытыл æмæ ныййеудодой кодта: - Æу, мæнæ арвæй æхси- дав куы æрхауд, æмæ дзы мæ хæдзар сау цъыбыртты сыгъд куы бацис! Æу-у!.. (Хъ.М.). 6. О не схæссæг, нæхи нана, нæ мад,/Нæ царды рухс, нæ зæрдæдарæн, не скаст!/Йæ лæг- гæдтæ, йæ фæллæйттæ уæлæуыл/Кæмæн нæй фидæн! (П. Г). 7 §. ДЫВÆРСЫГ ХЪУЫДЫЙÆДТÆ Дывæрсыг хъыдыйæдтæ вæййынц дыууæ сæйраг уæнгимæ - сæйрат æмæ зæгъшшгимæ. Уыдон даргъгонд цæуынц фæрссаг уæнгтæй. Сæйрат йæ дæлбар фæрссаг уæнгтимæ аразы сæйраты къорд, зæгъинаг та йемæ баст 37
фæрссаг уæнгтимæ аразы зæгъинаджы кьорд. Сæйраты къорд бæрæг кæны логикон субъект æмæ «зындгонд», зæгъинаджы къорд та-логикон предикагп æмæ «ног». ХЪУЫДЫЙАДЫ УÆНГТÆ Хъуыдыйады уæнгтæ сты, сæрмагонд дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæй загъд чи цæуы, хъуыдыйады ахæм структурон-семанпгикон хæйттæ. Хъуыдыйады уæнгтæ загъд цæуынц дзырдтæй, дзырдбæстытæй (æнгом æмæ синтаксисон æнæдихгæнгæ), хъуыдыйæдтæй: Æрталынг, уæддæр нæма ис Тасолтан зынæг (Хъ.С); Йæ масты г\æхæртæ Хатуйыл акалдта (Хъ.А.); Æртындæс бинойнагæй ма уазал фæнычы бын дыууæ зынджы мурау аззад дыууæ сывæллоны - Азаухан æмæ Хату (Хъ.А.); Бухъзæрдæ æнæзæнæг Сæрæби йæ зынгхуыст æфсымæры бынтыл арсау йæ дзæмбы æрæвæрдта (Хъ.А.). Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ сты сæйрат æмæ зæгъинаг, фæрссаг уæнгтæ та - бæрæггæнæн, æмхасæн æххæстгæнæн (комкоммæ æмæ фæрссаг), фадатон дзырдтæ (афоны, бынаты, æфсоны, нысаны, бæрцы, къæпхæны, архайды хуызы, бадзырды фадæттæ). 8 §. ХЪУЫДЫЙАДЫ СÆЙРАГ УÆНГТÆ СÆЙРАТ Сæйрат у хъуыдыйады иппæрдон хуызæджы хай, нысан кæны ныхасы (хъуыдыйы) предмет, у æнæдæлбар уæнг. Загъд вæййы предмет æвдисæг дзырдтæй номон хауæны. Дзуапп дæтты фæрстытæн: цæуыл дзырд цæуы хъуыдыйады? чи (читæ?), цы (цытæ?). Сæйрат арæхдæр загъд вæййы номдар æмæ номивæгæй (цæсгомон, цæсгомон-тыхджындæргæнæн, амонæн, фарстон- 38
бæттæн, æбæлвырд, бæлвырд, æппæрццæг), субстанти- вацигонд миногонæй æмæ миногмийæ, æххуысгæнæг ны- хасы хайæ æмæ мивдисæджы æбæлвырд формæйæ дыкъæ- дзыгты æвæрдæй - фæзыны йын предметон нысаниуæг: «Æви» у бæттæг. «Ау» - дыууæ лæгæн хылы хос; «Уарзын» у мивдисæг, нымæцонæй иртæстон хауæны (номон- бæрцон дзырдбастæй цухгонд æрцæуы номдар); Æртæйæ дæр мæты бахаудысты. Сæйрат ма загъд æрцæуы æнгом (фразеологион) æмæ синтаксисон æнæдихгæнгæ дзырдбæстытæй, æмхуызон уæнгты рæнхъæй, хъуыдыйадæй (номинативон функцийы): Ацы хъæмпы рагъ ам г\ыппæрæм аз лæууы (Дз.М.); Сæ удтæй арт иæгъдджытæ сбирæ сты (М. С); «Ма тæрс» мæгуырæн мæсыгу (Дз.К.). 37-æм фæлтæрæн. Бахахх кæнут сæйрæтты бын, сбæрæг сын кæнут сæ морфологион арæзт. 1. Нæ уыдзæн уый! 2. Уыцы рацу-бацу, уыцы фарст фæкодта, фæлæ ницы бафтыд йæ къухы: иу уынæг нæ фæци уымæн йе ’фсымæры. 3. Бæстæ ныттар, æмæ ницыуал уыдтой цыппар дæр (И.т.). 4. Ды дæр мæнау фæндаджы былыл æрцардаис, æмæ дæ уазæджы хай дæхи уыдаид. 5. - Сæлимæт та чи у? - дисгæнæгау æй афарста чызджытæй сæ иу, йæ бадæнæй фестгæйæ. 6. Уым ма цы иу чызг æмæ æртæ лæппуйы баззади, уыдон цæстæнгасæй цыдæр бамбарын кодтой кæрæдзийæн. 7. Давын сæрмæ хæссинаг хъуыддаг нæу (Б. Е.). 8. «Куыд уыдзынæн», дам, йæ бынаты баззад, «цы дæн» йæ бынатмæ фæхæццæ. 9. Уалдзæджы дуар гом у. 10. Æртæ сахаты бæрц раивгъуыдтаид (Б. М.). 11. «Ма тæрс» мæгуыр лæгæн мæсыг у. 12. Хуры цæст нæ разынд уыцы бон (Б. А.). 13. Тъæнджы мæй суг кæнынмæ ацыд. 14. Сахсæнæй архайынмæ уымæн æмбал дæн. 15. Æз æмæ Дзабо нæ фыны дæр никуы фехъуыстам ахæм сидт (Г.). 16. Мæ цыды сæр уыдис Хъобангомы хъуыстгонд кадæггæнæг Уарийы фенын. 17. Йæхæдæг дæр мæ цалдæр хатты хуыдта сæхимæ (Г. А.). 18. Баххуыс кæнын удыбæстæ 39
у, æмæ йын хæлар уæд йæ фæллой (Н.к.). 19. Мыртгæ уа, цъуй уа - дæ къæхты бын. 20. Æрдзы лæвæрттæн æмбал нæй, фæлæ хи фæллойы хæрзтæй адджындæр ницы ис. 21. Йæ лæппуйы бонтæ раджы аивгъуыдтой (М. С). 22. Хъаст кæнын æмæ ардауын хорз бæргæ нæу, фæлæ, æвæццæгæн, æндæр мадзал нæй. 23. Уæ уазджытæй иу газеты кусæг вæййы, иннæ - æндæр исты стыр хицау (М. Д.). 38-æм фæлтæрæн. Саразут хъуыдыйæдтæ, сæйрæттæ дзы куыд уой ахæм дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ: адон, чидæр, хъал, цæрьш, фидæн, ау, иу цалдæр адæймаджы, «ма тæрс». 39-æм фæлтæрæн. Хъуыдыйæдтæ рафыссут. Сæйрат æмæ сæйраты къордты бын бахахх кæнут. Бацамонут сæйраты морфологион арæзт. 1. Цалдæр боны æнхъæлмæ фæкастæн, кæд исчи исты ской кæнид, фæлæ никуы æмæ ницы. Æз дæр ницы схъæр кодтон. Йæхи чи худинаг кæны! (Æ. Дз.). 2. Æмæ та айхъуысы цæвджыты сыххуытт-æхситт (С. Л.). 3. Цы цард у ай? Кæннод хорз цард кæй хонынц, уый дæр циу? Кæрдæг дæр кæрдæг, æмæ мах дæр. Кæрдæг сзайы, сырæзы, ацæры, йæхи хуызæнтæ ныууадзы, уый фæстæ йыл уазал зымæг куы ’рбаулæфы, уæд амæлы (Б. Е.). 4. Авд версты уырдæм, авд фæстæмæ. 5. Йед у, афынæй ма чи уæндыд (Æ. Дз.). 6. Къæсæрæй бахизы Зæли, тыргъы сæгуытау базгъоры, йæ дыууæ сау дзыккуйы сызмæлынц йæ синтыл (Хъ.С). 7. Дæ ацæуын мæ зæрдæйæн уæззау у (Ш.). ЗÆГЪИНАГ Зæгъинаг у æнæдæлбар сæйраг уæнг, бæрæг кæны, ныхасы (хъуыдыйы) предметы тыххæй цы загъд цæуы, уый. Дзуапп дæтты фæрстытæн: цы ми кæны предмет? цы архацы предмет? цавæр у предмет? цалæму предмет? 40
Зæгъинæгтæ сæ арæзтмæ æмæ морфологион скондмæ гæсгæ вæййынц хуымæтæг (мивдисæгон) æмæ амад (номон æмæ мивдисæгон), стæй вазыгджын. Зæгъинæгтæ загъд цæуынц дзырдæй, дзырдбастæй (синтаксисон æнæдихгæнгæ æмæ æнгом), хъуыдыйадæй. Хуымæтæг мивдисæгон зæгъинаг арæзт вæййы: 1) хуымæтæг мивдисæгæй (цæуын); 2) вазыгджын мив- дисæгæй (хъæр кæнын, сиу уæвын); 3) мивдисæджы вазыгджын формæйæ (бадт кæнын, дзургæ кæнын); 4) æнгом дзырдбастæй (мæстæй марын). Амад мивдисæгон зæгъинаг арæзт вæййы дыууæ мивдисæгæй: 1) инфинитивæй (зæгъинагæн у йæ номон хай) æмæ 2) æххуысгæнæг мивдисæгæй (фазон, модалон): кусын райдыдта, фæнды ахуыр кæнын, хъæуы кусын. Амад номон зæгъинаг дæр арæзт вæййы дыууæ хайæ: 1) номон хай (номдар, миногон, нымæцон, номивæг, фæрсдзырд, миногми) æмæ 2) æххуысгæнæг хай (бæттæн мивдисджытæ - уæвын, фæуын, сисын, вæййын, ныл- лæууын,): хъарм уæвын, фæдис сисын, лæппумæ фæвæййын. Вазыгджын зæгъинаг у вазыгджынгонд хуымæтæг кæнæ амад зæгъинаг: фæндыди ахуыргæнæг суæвын, архайдта хъæлдзæг уæвыныл, хъуамæ уа рæсугъд. 40-æм фæлтæрæн. Рафыссут зæгъинæгтæ æртæ къордæй: 1) хуымæтæг мивдисæгон, 2) амад номон æмæ 3) амад мивдисæгон. Сбæрæг сын кæнут сæ морфологион арæзт. 1. Фыд зымæджы дæргъы йæ фырты фенынмæ йæ былтæ æхсыдта, ныр æм каисы цур комкоммæ бакæсын йæ цæсгом дæр нæ хъæцыд (Н. Г.). 2. Дадолты æртæ сылгоймаджы дуары мидæг куы фесты, уæд сагъды хуызæнæй баззадысты, фезмæлын дæр нал уæндыдысты, дзурын дæр - никуы ма федтой уыдон ахæм хæрзуынд сылгоймаг (К. А.). 3. Быдыры хъæутæ дардыл сты. Æмæ дзы бæрæг уыдзæнис кæройнаг хæдзар дæр, астæуккаг хæдзар дæр. Ирон хæххон хъæу 41
та - къусыдзаг. 4. Мæ фыды дзырдыл «нæ» зæгъын мæ бон нæу. 5. Йæ ног бынаты сбон кæнынмæ нæма хъавыд (Хъ.М.). 6. Ус къулрæбын аууоны даргъ бандоныл æрбадт æмæ ныхасыл схæцыд. 7. Рацыд иу сахаты бæрц, фæлæ сыхаг усæн йæ зæрды кæрон дæр нæма уыди ацæуын (Е. Т.). 8. Мæ бирæ фыдæбæттæ мын æрбайрох кæнын кодта (Г. А.). 9. Сывæллæттæм азым æрхæссæн нæй (Б. А.). 10. Йæхи цахъхъæнтæ, йæхицæй хистæртæ дæр ныр æндæр цæстæй акастысты Сосланмæ (Н. П). 11. Зæрдæ фехсайынæн бирæ нæ хъæуы (Хац.С). 12. Гъемæ уын ныр æз фенын кæндзынæн (Хац.С). 13. А-а, дæу сæрибар уын фæнды?!. 14. Æз уон сæрибар æви ды?.. 15. Нæй ацы хъаугъайæн фæуæн зæххыл!.. (Дж.Н.). 16. Ме стыр бæллиц уыд дохтыр суæвын (Г Ал.). 17. Зауырæн та, кæд цыфæнды æвирхъау хъуыддаг æрцыдис йæ къухæй, уæддæр йæ бон нæ уыд йæхи амарын кæнынмæ раттын (Б. Т.). 41-æм фæлтæрæн. Хъуыдыйæдтæй рафыссут зæгъи- нæгтæ. Сæ хуыз сын сбæрæг кæнут. Бацамонут, цæмæй загъд æрцыдысты. 1. Фыдуаг цæугæдон стырæй-стырдæр кæны (Дз.Т.). 2. Хæстæн дардыл - йæ авнæлд, йе ’рмдзæф - дудгæфыд. Саувæд. Хæст - нæ царды хъæдгомниз (П. Ф.). 3. Цамел æгъдауджын зæронд лæг уыди, зæрдæхæлар (Хъ.С). 4. Базары сугтæ æлхæнæгæй фылдæр цы уыди. 5. Мырзæг зæрдæргъæвд лæппу уыдис. 6. Дзырдгонд нæ уыди Тазырет нозтыл, фæлæ нæ нуæзта (К. А.). 7. Сылгоймаг дзырдамонд у, исты дам-думты амæттаг куы бауа (Æ. Æ.). 8. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, Тугъан сын урокыл кæй загъта, уый (Дз.Г.). 9. Таймураз ныр цалдæр боны стыр хъуыддаджы лæуд у (Е. Т.). 10. Ирон æгъдæутты рæхысбæттæнтæ сæттын нæ комынц. 11. Раст уыцы рæстæджы хъæубæстæм бæрзонд сæрвæттæй ныхъхъæрчындæуыд... (Б. Т.) 12. Уæдæй фæс- тæмæ Дарий никуыуал сфæнд кодта скифты басæттын (Ч. Г). 13. Газгайы ахуыр - хуынтæ хæссын, Авдакимы 42
ахуыр - фæллой кæнын (Б. Гр.). 14. Кæрт уæлдай дзагдæр бацис адæмæй. 15. Уыцы ныв цыдæр адджынæй ахъардта Гаппойы уæнгты, радта йын æхсызгондзинад, цыдæр ныфс ын бавæрдта (М. Д.). 16. Уæнгты кондæй - къæсхуыр, сагау æлвæст, дæргъдзæсгом, фæтæнных, сауæрфыг, морячы дарæс ыл фидыдта тынг рæсугъд, æмæ-иу æм адæймаг кæсгæйæ баззади (Дз.Т.). 17. Ныббар мын, баба, Мæ фадат нæ уыд дæуæн исты фæуын. Æз нæ базыдтон цæрын, фæлæ лæгау мæлын базондзынæн (Дж.Ш.). 42-æм фæлтæрæн. Аивадон кæнæ публицистикон уацмысæй рафыссут амад зæгъинæгтæ, номон хай загьд куыд æрцæуа, ахæм ныхасы хæйттæй: 1) мино- гонæй, 2) номдарæй, 3) миногмийæ, 4) номивæгæй, 5) нымæцонæй, 6) фæрсдзырдæй, 7) мивдисæджы æбæл- вырд формæйæ. 43-æм фæлтæрæн. Ссарут амад зæгъинæгтæ. Сбæрæг кæнут зæгьинæгты æххуысгæнæг хæйтты арæзт. 1. - Дæ фæндтæ дæхи фæндиаг уæнт, Цола. Куыд уынын, афтæмæй дæ фадæттæ хуыздæр кæнын байдыдтой, æмæ мын æхсызгон у. Фæлæ, дæхи загъдау, цардмæ иу боны цæстæй кæсын нæ хъæуы. Абон цард афтæ у. Райсом цы уыдзæн, уый зонæн нæй (М. Д.). 2. Уыцы хъизæмар адæймаджы бон радзурын нæу. 3. Йæ сæры зилахар систой алыхуызон хъуыдытæ. 4. Мæнæн тас нал у: хъæд мæ фындзы бын. 5. Ацы хорздзинад мæ уæлæ нæ ныууадздзынæн. 6. Лæг сагъæстыл фæци. Йæ цæстытæ æнахуыр æрттывд фæкодтой. 7. Уæ хæдзар хъæуы кæронмæ хæстæг у: ууылты пыхсмæ æнцон баирвæзæн у, уырдыгæй та - хъæдмæ (Ц. А.). 8. Амонд ссарыныл тох хъæуы, лæппу, æмæ тох кæнын та зонын хъæуы (Б. Б.). 9. Фæлæ нæ дзырд сæххæст кæнæм. Ныртæккæ дын æй æрлæууын кæндзынæн дæ разы. Хорзау нал фæци Ох-ох, фæлæ дзырд радта, æмæ йын гæнæн нал уыди (А.). 10. Адæм фæджих сты, сæхимæ хъусынмæ фесты - худын æмæ хъазын никæмæуал цыд (М. С). 11. Хъæу 43
æй рæгъаугæс скодтой. Хизынтæ сын байдыдта сæ фос. 12. Æхсæвы къæвда миты ’рдæм аздæхта (И.т.). 13. Цымæ цы ис сывæллонæй хуыздæр (Ш.). 44-æм фæлтæрæн. Ссарут амад номон æмæ вазыг- джын зæгъинæгтæ. Сбæрæг кæнут, зæгъинаджы номон æмæ æххусыгæнæг хæйттæ цæмæй загъд сты, уый. 1. Иунæг хъæбул ныййарджыты рæвдыдæй цух нæ уыд. Фæлæ саби хаста мæллæг. 2. Чи йæ зыдта, уыдон Цъоды зæххы тæригъæдцжын хуыдтой. 3. Æфсымæрты дзырд кæрæдзиуыл нæ бадт (Н. Г.). 4. Ды дæхæдæг разындтæ азымджын (И.т.). 5. Адæм сæ зæрдæйы дзæбæхæн æрвыстой сæ æнцойбон (Б. М.). 6. Мах искæй фæллоймæ ныхилын ахуыр не стæм. 7. - Уæлахизмæ нæ бирæ нал хъæуы, - загъта цæф æфсæддон, арф ныуулæфгæйæ (Æ. Дз.). 8. Æниу бирæгътæ иууылдæр - къуыбырхъустæ (X. Л.). 9. Ды - арвы цæссыг. Уый ныхмæ цы сты Æнуд æнтæф, сындзын арт æмæ уадæг? Ды дæ нæ туг, нæ уды рухс, нæ кадæг, нæ фарны гæнах сыгъд æмæ хæсты (Дж.Ш.). 10. Лæг куы дæ æмæ лæджы хуызæн,/Æвзæр ма дзур дæ хæстæгæн (Г. С). 11. Куыдз æм кæсы йæ хинæйдзаг цæстæй, иу гагуыйæ иннæмæ, фæлæ змæлд дæр нæ кæны, цыма йæм растыны зæрдæ нæй, уыйау. 12. Æндæр зондыл лæууæн ис, æндæр фæткæй цæрæн ис, уый йæ хъуыдыйы кæрон дæр нæй (Дж.Н.). 13. Стыр уынджы хæрхæмбæлд фæци йæ хъæуккæгтыл: сæ иу - уæлæсыхаг Гæлæу, инннæ - хъомгæс Бибо. 14. Æмæ нын уæдæ горæтаг сдæ? (М. С). 15. - Мæ бинонтæ - уæ фæдзæхст, Мæ зæронд мад-иу уе уазæг фæуæд (Ш.). 16. Уæвгæ йыл мæтгæнæг фæци. 17. Сабийы цудын нæ бауадздзынæн (М. С). 18. Гырым зыдта, Зинæйы дохтыр суæвын фæнды (Дз.Т.). 19. Уымæй фæхицæн мæнæн мæ бон нæ бауыдзæн (Æ. Ц.). 45-æм фæлтæрæн. Зæгъинæгтæй кæцытæ уыдзысты амад номон? Уæвын кæцы хъуыдыйæдты у бæттæн? 1. Хæдзары змæлæг нæй (М. С). 2. Талынджы ницы йæ 44
бон уыд равзарын (Б. М.). 3. Куы йыл æрталынг ис, уæд фæстæмæ рахизын нал рауæндыд (Н. Г.). 4. Адæм бирæ сты. Фарн сæм бирæ ис./Нæй сын фесафæн, нæй сын басæттæн! (Н.). 5. Фæхъæлдзæг у, мæ рыст хъæбул, дæ сагъæс æгæр арф ма ис зæрдæмæ (П. Г.). 6. Уыдис æрæгвæззæг. Адæм сæ фæззыгон куыст фесты æфснайд (И.т.). 7. Институты фæци æгасæй дæр иу аз (Б. М). 8. Уыдис хосгæрдæн (Г.). 9. Ирон адæммæ уаз нымæц у Авд (Хъ.Г.). 10. Уайтагъд æй мидæмæ хæссыныл фæци (Дз.М.). 11. Уыдис бон. 12. Скодта стыр райдзаст хур бон. 13. Махæн абоны онг уыдис хо (Б. Г.). 15. Се ’хсæн фыдæй фыртмæ фидыд нæй (М. С). 46-æм фæлтæрæн. Саразут хъуыдыйæдтæ лæвæрд дзырдтимæ. Сбæрæг кæнут зæгъинæгты хуызтæ. Сæры æвзæрын, баныхас кæнын, кæсын уадзын, бузныг фæвæййын, хæлæг кæнын байдайын, зылд кæнын, сырх- сырхид афæлдæхын, сæрфынмæ бавналын, кæсыныл фæвæййын. 47-æм фæлтæрæн. Аивадон æмæ публицистикон уац- мыстæй рафыссут хуымæтæг мивдисæгон зæгъинæгтæ алыхуызон морфологион арæзтимæ (хуымæтæг æмæ вазыгджын мивдисджытæй, мивдисæджы вазыгджын формæтæй загъд, æнгом дзырдбæстытæй загъд). 48-æм фæлтæрæн. Бахахх кæнут амад мивдисæгон зæгьинæгты бын. Сбæрæг кæнут, æххуысгæнæг хæйттæ цæмæй загъд æрцыдысты. 1. Кæй æрыздæхтæ, уый фехъуыстон, фæлæ нæ сæртæ сисынхъом не стæм - фæдис, загъд-замана, æмбырдтæ, - дзырдта уазæг. - Амонын дын сæ нæ хъæуы. 2. Комы фæндаг аразын райдыдтой, æмæ адæймагмæ бон иу- дыууæ сомы ’рхауы. 3. Бибойæн дæр сæ дзырдæуыд, æмæ йæ ныр фæндыд Хъасаймæ байхъусын (М. С). 4. Кæй никуы ницы рауайдзæн мæ уарзтæй, уый дæр зонын, фæлæ йæ уæддæр уарзын, уымæн æмæ йæ нæ уарзын мæ бон 45
нæу. 5. Афтæ кæрæдзийы тонгæ æмæ æвзонгæйæ цæрæн нæй мыггагмæ. 6. Мачи фæтæрсæд зындзинæдтæй, æмæ гауыртæй бахъахъхъæнын бафæразæм нæ райгуырæн бæстæ, нæ дин. 7. Куыдфæстæмæ мæсты кæнын байдыдта Гæвди. 8. Фæлæ ма цæй лæг у, кæд æмæ нал ис мулк, нал ын ис схъæздыг уæвæн. 9. Артурæн йæ кæсæнцæстытæ зæхмæ атахтысты, æмæ сæ цъындцæстæй агурыныл фæцис. 10. Æз техникум каст фæдæн æмæ тæхæг суæвынмæ хъавын. 11. Æгады цардæй йæм амæлын хуыздæр фæкастис. 12. Уыцы хъуыдытæй кæцы æцæгдæр у, уый зын равзарæн у. 13. - Æз уалдзæг, хъæмпыл хуысгæйæ, хурмæ мæ гуыбын нæ тавын, фæлæ кусгæ кæнын, кусгæ, - арæх æппæлыдис йæхицæй Дзынга. 14. Ноджы ма йæ ном дæр рауад, зарæджы кæй кой фæкæнынц, уыцы мæгуыр Цолайы æмном, æмæ йæ бынтондæр уымæй скæсын нæ уадзы Дзынга. 15. Æрцæвынмæ хъавыдис Дзынгайы æрттивгæ лæгуын ных, фæлæ йын иргъæвджытæ йæ къух ацахстой. 16. Фæлæ йæм ацы фæстаг рæстæджы мæлæты хæлары цæстæй кæсы Дзынга (М. Д.). 17. Мæн базонын фæнды/Мæ мыггаг, уый гæлхæрд кæд у, уæддæр (Ш.). 18. Æмæ уæд чи у? (М. С). 49-йæм фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут зæгъинæгты грам- матикон æууæлтæ. 1. Иу бон та фыййæуттæ æфсармы бафтыдтой Дзиттайы (Дз.К.). 2. Фæлæ дзы æнæ уазæг дæр цæрæн нæй. Уазæг кæмæ нæ цæуы, уый бынтон сæфт у, кад дзы нæй адæмы ’хсæн (И.т.). 3. Уæлбылыкомы цы лыстæг фос фæхиза, уыдоны фæд - хæрзаддæр, хъуын - фæлмæндæр æмæ даргъдæр, зæддæгтæ - цотхалдæр (А. И.). 4. Кæрдзынтæ цæхæрыл æнгузæй бурдæр авæййынц (А. И.). 5. Æрцæуинаг чи уа, уымæ æнхъæлмæ кæсын нæ хъæуы. 6. Нæ фæндаг нæ хъæуы дарын, рæстæг цыбыр у. Нæй тугæй æфсымæр, зæрдæ æмæ æууæнкæй йеддæмæ (С. У). 7. Нырма нæ дзæвгар суайын хъæуы. 8. Æмырæй цæуын аив нæу. 9. Хуымтæ - нæ хæдзары алыварс, дон - хæстæг, сæрвæттæ дæр афтæ. 46
10. Йæ зæрды уыдис хосгæрдæн. 12. Ирон адæм зианы бон балæггад кæнын зонынц (Г.). 13. Уырдæм сырд дæр нæ уæнды ныххизын (Г. А.). 14. Адæм сæ фæллой бафснайдтой æмæ сæ рæстæг хъæлдзæгæй æрвыстой (С. У). 15. Мæнæ амæн исты мадзал хъæуы (Дз.К.). 16. Тарст мысты ныгъуылд ныккодтон уым. 17. Æмæ мын Сидо кæм сдохтыр ис? (Б. Е.). 18. Тас уыд мит ныууарынæй, хохы та уалдзæг æрбалæууы æрæгмæдæр (Н. Г). 50-æм фæлтæрæн. Лæвæрд хъуыдыйæдты бацамонут модалондзинад æмæ афон зæгъыны грамматикон фæрæзтæ. 1. Дæ хъуыды - фæзачъеджын! Кæд ногдæр исты ис - сæдæ дзыхæй кæй нæма дзырдта дам-дум кæмдæриддæр? Кæс-ма, хъæздыгдзинад куыд тыхджын у, куыд кæлæнгæнæг у! Кæйдæриддæр цагъар кæны йæхицæн. Æмæ йæхицæн бафтауы куыстыл. Мингай адæмты ’хсæн сымах нæ хонин хæлæртты рæсугъд номæй, мæ зæрдæйы иу хай куы нæ уаиккат, уæд. Æз æууæндын сымахыл! Мах а дунемæ равзæрдзыстæм хæрзиуæг кæнынæн. Цы ма ис уæдæ бирæ хæлæрттæй хуыздæр исбон?.. О, цас маст æрхæссы кад! Цы бæллæхтæ, цы фыдтæ æрхæссы мулк - куы зонид раздæр лæг, уæд æй фыдæлгъыст ракæнид, хъæлæкк! Чи бафсæдид цытæй? Кæнæ цæрын кæй бафæндид, лымæндзинад æрмæст фын кæй у, ууыл баууæндгæйæ? Науæд чи цин кæнид йæ ном æмæ йæ кадыл, мæнг ын ысты йæ мæнг хæлæрттау, уый куы бамбарид, куы базонид, уæд? (Ш.). 2. Рагацау мæ цæстытыл уади, æлмæрины дæргъæн чи хъуамæ уа, ахæм тыхджын æмæ тæлфаг кæсаг. Йæхи хойдзæни, чи зоны, райдианы йæхи хæрдмæ дæр фехса, æнгуыры бос арæдува. Хæцгæ уал ыл ныккæнæд, æндæр æй мæ бар бауадз. Стыхсын æй кæндзынæн. Стæй йæхи дæлгоммæ сфæлдахдзæн. Басæтдзæн йе ’нæхъаруйыл (Ц. М.). 47
51-æм фæлтæрæн. Ссарут сæйрат æмæ зæгьинаг æмæ бамбарын кæнут, цæмæй загьд æрцыдысты: номдарæй, номивæгæй, нымæцонæй, мивдисæджы æбæлвырд формæйæ, субстантивацигонд дзырдæй, дзырдбастæй. 1. Хинымæр дзурын æмæ зæрдæмæ кæсын мæгуыр царды зæрдæ хъæлдзæггæнæн хос не сты (Б. Б.). 2. Уымæл хъуына, æмбыд бутъройы карз тæф фындзыхуынчъытæ æхгæны. Æвиппайды фæкæсгæйæ дæр æмæ лыстæг ахъуыдыгæнгæйæ дæр - æвæджиауы лæгбадæн (Б. М.). 3. - Хорз, хорз, сахъ лæггаг, ацу ныр, арт мæхæдæг скæндзынæн, - ныббузныг дзы ис Артъем. Зæронд пецы раз æрзоныгыл кодта. Арт скæнын хъæуы, уазал æхсæв уыдзæни (Ф. Дз.). 4. Фæлæ скифты кæцыдæр стыр къорд æнусты дæргъы фæцыдысты æмæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ бахъахъхъæдтой сæ нæртон хæзна - се ’взаг. Афтæ кæй у, уый дызæрдыггаг нал у ахуырады (Г. Хъ.). 5. Кæмдæр чидæр зары йæ тыхджын хъæлæсæй, зарæг зилдух кæны арф кæмтты, æрхæццæ ардæм, хъæдмæ. 6. Зауыр æмæ иннæтæ æнæсцухæй сæ цæстытыл уадысты (Б. Т.). 7. Амондджын лæджы цур алчидæр амонд ары, фыдбылызджын лæджы цур та - фыдбылыз. 8. Дыса хæдзары дуармæ лæууыд, æмæ йæ дыууæ сау цæсты æфцæджы ’рдæм ныуурс сты (Г. С). 9. Дæ фыдæлтæ рухсаг, дæхæдæг мын бæзз (Къ.). 10. Адæм се ’ппæт адæймаджы цард нæ уарзынц (Е. Т.). 11. Дæлæ Фæзыхъæуы ’рдыгæй къахвæндагыл дыууæ чысыл лæппуйы ссæуы. 12. Чындз æмæ дыууæ чызджы тарстхуызæй кас- тысты дæсныйы змæлдмæ (К. А.). 13. Быдырты цæуæгæй фылдæр цы ис? (Ц. М.). 14. «Мысын» лæмæгъ зæрдæйы уаг у. Лæджы фæсмонмæ кæнынц мысинæгтæ. Ацы дунейыл та ахæмæй ницы ис, æмæ дæ къухæй куы ахауа, уæд фæсмон цæуыл кæнай (Дж.Ш.). 15. Алы бон йæ цыды сæр ницæмæн хъуыд, фæлæ йæ зæрдæ нæ лæууы (Дз.К.). 52-æм фæлтæрæн. Бахахх кæнут сæйраг уæнгты бын. Бамбарын сын кæнут сæ морфологион арæзт. 48
1. Æртæ лæджы иуæн æфсад сты, æмæ Тедейыл тыгъд быдыр скъуындæг. 2. Лæгдыхæй сæ армы куы ницы æфтыд, уæд сусæгæй архайын байдыдтой. 3. - Би- рæ ныхæстæн фадат нал ис. 4. Дзамболат фыдфынты хай фæци. 5. Чи йе ’хсаргард уисыл фæлвæрдта, чи та сигæцыл йæ болат хъама адау-адау кодта. 6. Бадилаты стыр кæртмæ уазджытæ æмбырд кæнын райдыдтой. 7. Сæ хъал фæсивæдæй уæм æрбацæуын йæ сæрмæ ничи хаста. 8. Иутæ дзырдтой: «Нæ нæ хъæуынц Бадилатæ хæрды дæр æмæ уырдыджы дæр» (Хъ.А.). 9. Уыдæттæ кæныныл æгъдау æмæ дзыллæйы æфсарм æфтауынц адæймаджы (С. У). 10. Иутæ къуыргæ кæнынц, аннæтæ та лидзгæ (X. С). 11. Тæрсын та циу? Æз ын куы ницы зонын. 12. Цы фæуыдаид? Байхъуыста нæм уыцы/Кæйдæр мæлинаг! 14. Нæ, ма дзы тæрс: цыкурайы фæрдыг - /Уый амонд у, хæдзарвæндаджы фарн у (П. Г.). 53-æм фæлтæрæн. Бакæсут текст. Бацамонут хъуы- дыйæдты грамматикон бындуртæ. Нæртон дуне - аргъауæй растгæ, цæстфæливæн æмæ удирхæфсæн у, æндæр ницы. Лæг кæм фæцæра, ахæм дунейы æууæлтæй йæм ницы ис. Æцæг цард, - уый æрмæст нæ дуджы цард у, æцæг адæм - нæ рæстæджы фæлтæр, нæ фыдæлтæ æмæ нæ фæстагæттæ. Нæртон дуне, нæртон адæм, уыдон сæрысуанг мысæггаг сты, æндæр ницы. Искæй зондæй уый, чи зоны, раст у, фæлæ мæнæн нæртон дуне æмæ нæртон адæм æцæг æмæ цардæгас уыдысты мæ сау сæрæй мæ урс сæрмæ. Сæ цин æмæ сæ хъыгæй, сæ хорз æмæ сæ фыдæй тыппыр у мæ зæрдæ æмæ сын хъуамæ ракæнон сæ царды бæстыдзаг хъизæмæртты таурæгъ, зæрдæдзæстæй йæ куыд федтон, мæ сонт удæй йæ куыд банкъардтон, афтæ. Уæд, чи зоны, никæмæ уал фæкæса нæртон дуне мысæггаг, чи зоны дзы исчи дæр мæнау фена æцæг царды æууæлтæ (Дж.Н.). 4 Заказ № 53 49
9 §. ХЪУЫДЫЙАДЫ ФÆРССАГ УÆНГТÆ БÆРÆГГÆНÆН Бæрæггæнæн у ахæм фæрссаг уæнг, предметы æууæл, миниуæг, предмет кæй кæнæ цæй у, кæцы у, уый чи бæрæг кæны. Дзуапп дæтты фæрстытæн: цавæр? цыхуы- зæн? кæцы? кæй? цæй? кæцон? кæцырдыгон? чердыгон? кæдыккон? цалæм? цалæймаг? цалгай? Бæрæггæнæнтæ загъд цæуынц: миногонтæй, номдартæ, номивджытæ æмæ мивдисæджы æбæлвырд æмæ миногмион формæтæй фæсæвæрдтимæ æмæ æнæ уыдон, нымæцонтæй, фæрсдзырдтæй; æнæдихгæнгæ æмæ æнгом дзырдбæстытæй. Бæрæггæнинаг дзырдимæ (сæйраг дзырдимæ) бæрæггæнæн (дæлбар дзырд) баст вæййы домгæ бастдзинады дыууæ хуызæй: æмарæзт æмæ æфтыдадæй. Æмарæзтæй баст бæрæггæнæнтæ вæййынц номдартæ, номивджытæ (цæсгомон, фарстон-бæттæн, бæлвырд, æбæл- вырд, æппæрццæг), алыхуызон хауæнты формæты мивди- сæджы æбæлвырд формæ æмæ афоны, бынаты фæрсдзырдтæ гуырынон хауæны формæйы, æнæдихгæнгæ æмæ æнгом дзырдбæстытæ: дысоны куывд, иу хуымы гæбаз, сæрмæ нæ хæссинаг хьуыддæгтæ, тæхæг суæвыны таурæгьтæ. Æфтыдадæй баст бæрæггæнæн бæрæггæнинаг дзыр- димæ баст вæййы, йæ формæ ивд не ’рцæуы, афтæмæй, хъуыдымæ гæсгæ. Æфтыдадæй баст бæрæггæнæнтæ вæй- йынц: миногонтæ, мивдисæджы миногмион формæтæ, адъективацигонд номдартæ, номивджытæ, мивдисæгон нæмттæ, нымæцонтæ, æнæдихгæнгæ дзырдбæстытæ: ирд бон, кафаг лæппу, ацы дуг, зарæн бон, фыццаг зонд, иу кьорд адæймаджы. 54-æм фæлæтæрæн. Бахахх кæнут бæрæггæнæнты бын. Бамбарын сын кæнут сæ морфологион арæзт. «Дæ фыдæлтæ рухсаг, дæхæдæг мын бæзз!/Ныртæккæ 50
уын диссаг æрхæсдзынæн æз». Дзæнæты бад, Къоста! Ирон адæмы царды цы уыд, цы ис æмæ цы уыдзæн, уыдон иууылдæр загътай. Фыдæлты кадæй цæрæн нæй. Алчидæр хъуамæ йæхæдæг скæна йæхицæн адæмы фарнæй кад æмæ сæр. Æниу, æвæдза, бын кæмæн нæ баззайы, уый хъæздыг нæ кæны. Кад та бынты бæллиццагдæр у, кад адæмы историон бын у. Тæхуды æмæ, йæ цард йæ фыдæлты историйыл чи аразы! Диссаг та уый у, æмæ, Коцойты Арсены загъдау, «рагæй- æрæгмæ ирон адæм нæ фæрæзтой сæ дзырд, сæ фæндон иу кæнын. Хъаруджын адæм уæвгæйæ-иу никæд бафæрæзтой хицæн паддзахад саразын, хи культурæ срæвдз кæнын. Кæддæриддæр ирон адæм уыдысты иннæ паддзахæдтæн дуаргæс, хъæбатыр æфсæддон, цæрдæг лæггадгæнæг, фырнымд узæлæг... Кæм нæ балæууыдаид ирон лæг кресты гæбазы тыххæй, «молодец» фехъусыны тыххæй. Фæлæ-иу ирон адæмæн сæхиуыл исты фыдæбон куы ’рцыдис, уæд никуы зыдтой сæ зонд, сæ тых баиу кæнын». Хъыг сты ацы ныхæстæ ирон лæгæн, зæрдæйы ныхсынц æрхъисау. Фæлæ раст сты, æмæ сын ницы хос ис - цы уыд, уый уыд, ивæн ын нæй. Уыдонæй ис æрмæстдæр зонд райсæн, хатдзæгтæ скæнæн. Уыдон махæй домынц дарддæры цардыл хъуыды кæнын. Мах сæрыстыр стæм нæ фыдæлты хæстон сгуыхтытæй, æфсæддон фæтæгтæй. Уыдон сты нæ цины сæр, уыдон нын дæттынц ныфс. Афтæ кæй у, уый хорз у. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр... Нæ фыдæлтæ - скифтæ. Номдзыд адæм. Хъæбатыр æфсæддонтæ. Сæ ном нæрыд арвау. Стæры цыдысты уадтымыгъау, сæ разы нæ лæууыд дурын фидар, ныддымдтой-иу гæнах-сахартæ, сæ фаттæ-иу куы фехстой, уæд сæ аууон хур талынг кодта фыдызнагыл. Хæстон балцы хæццæ кодтой суанг Мысыр æмæ Вавилонмæ. Æххуысагур сæм цыдысты паддзæхтæ æмæ адæмтæ (Дж.Ш.). 51
55-æм фæлтæрæн. Рафыссут дыууæ къордæй æмарæзт æмæ æфтыдадæй баст бæрæггæнæнтæ бæрæггæнинаг дзырдтимæ. 1. Равзæрстой æхсарджын æдзонд лæгтæ (И.т.). 2. Рæвдыд æмæ дзы хъазæн ныхасæй уæлдай никуы ницы фехъуыста Симæ (Б. А.). 3. Аслæмырзæ та фæлмæн, ивазгæ хъæлæсæй дзуры: - Куыд ривæдæй бадут? (Ц. М.). 4. Цы ранмæ уæд, кæдæм цæуыс, мæ хъæбул? 5. Цагъары ном æз нал хæссын мæ сæрмæ,/Мæ бархи та сын не суыдзæн фæндон (П. Г.). 6. Фæлгæсы хурсыгъд рæгътæ æмæ бæласæхгæд кæмттыл. Тæрккъæвдайы фæстæ арвыл мигъы фæскъау дæр нал баззад. 7. Лæгау лæг-иу æлдары бауагъта тас, æнаккагæн- иу кадыл æрхаста йæ сæр нывондæн. 8. Иу йæхи хуызæн хæххон дзиглойы ма кæмдæр скъахтой. 9. Уымæн бауарзта ацы æгомыг къæйдуртæ, æгæрон арв æмæ цæргæсы тахт. 10. Комы бын чи змæлы, уыдон æм фыдæбонгæнæг, æнæбæллиц мæлдзыджытау зынынц (М. С). 11. Цом немæ ныр. Дæ лæгъз ныхасæй ды,/Цы стыр тас у, уый акæндзынæ иуварс. 12. Куы бахъæуы - мæ зонд мæ судзгæ масты сабыр кæны. 13. Ныры тыхст рæстæг фыдыбæстæн нæ домы ахæм хос. 14. Дæ алы сдзырдæй сыскъуынис бындзарæй/Мæ риуæй ды нæ раздæры хæрам (Ш.). 15. Ау, царды цин йе уарзт поэзи нал у? 16. Хæсты заман хæстон зарæг чындæуы (Дж.Ш.). 17. Телескоп æвдисы Юпитерыл цавæрдæр тæлмытæ. Уыцы тæлмытæ зынынц планетæйы зылдыл кæрæй-кæронмæ (С. Н.). 18. Хуыпгай хъал адæм фæнуазынц. Фæхъæлдзæгдæр уой, цæрын сæм æрцæуайы хосæн. Сæ ивгъуыд цинтæ æрлæууынц сæ зæрдыл. Æз та дзы мæ ивгъуыд фæхъавын ныххуыссын кæнынмæ (Хъ.М.). 56-æм фæлтæрæн. Зæгъут, бæрæггæнæн бæрæггæ- нинаг дзырдæн цавæр æууæлтæ æвдисы. 1. Мæнæ уын дæргъæвсаг лæг, Пуртæн йæ бардуаг æмæ йæ удæгас истори. 2. Лæджы цæсгомыл æрмæст цымыдис зындис. 3. Æмдзæрæны талынг къуымы ссардта Цыппу 52
Къолайы. Хъæдын тъахтиныл хъæмпæй дзаг гобаныл ныффæлдæхт. Цырагъы рухсмæ зынд йæ нуарджын цæсгом. 4. Къола фездæхт цыргъ æвзаджы хицаумæ (М. С). 5. Хуысс, мæ хъæбул, нæй райсомы хуыссæгæй адджындæр! 6. Фæззыгон хур цыма зынгдзæфтæ/Фæкодта хох, хъæд/Йæ тынты гæзæмæ æндзæвдæй (А. Э.). 7. Иу къорд бонты сæ баурæдтой ир. 8. Къубалты Алыксандры фыссæн сисы бырынкъæй чи рацыди, уыдонæн «Æфхæрдты Хæсанæ» у сæ цæсты гагуы. 9. Елбыздыхъойы «Амыран» - ы æмæ Къостайы «Æфсатийы» цур бынат уыдзæнис «Æфхæрдты Хæсанæ» - йæн ирон литературæйы (Т. А.). 10. Тарст хъæддаг уырс сæхъис архъанмæ æмгæрон нал цыд. Фаризæт æм йæ сызгъæрин тæбæгъ тылдта, царв æмæ мыд, цæхх æмæ сæкæрæй дæр æй бæргæ сайдта... Налат сылгоймаджы риуы уарзондзинады зынг ахуыссыд, æмæ дзы маст исыны арт сцырен (Хъ.А.). 11. Уæд саджы фисынтыл амад лæппуйæ/Ныр ницыуал и мæ зæрдæйы мæнæн (X. 3.). 12. Зæгъæн ис, фæраст «фæцу» æмæ «ма ’рцу» - йы фæндагыл (Б. М). ÆМХАСÆН Æмхасæн у бæрæггæнæны хуыз, ис ын, бæрæг- гæнæнæй йæ чи хицæн кæны, ахæм структурон- семантикон æууæлтæ. Æмхасæн загъд вæййы номдартæй, хатгай та инфи- нитивæй, предметæн йæ цавæрдæр æууæлтæ дæр бæрæг кæны, æндæр ном дæр ын дæтты. Æмхасæн предмет бæрæг кæны йæ кармæ, хæстæг- дзинадмæ, социалон уавæрмæ гæсгæ, адæмы хатмæ, дæсныйадмæ гæсгæ æ.а.д. Иннæмæй та, предметы миниуджытæ бæлвырддæрæй, фæлгонцджындæрæй æвдисы: Цæй, кæм хаттæ, уарзондзинад - сау лæппу? (X. 3.); Брнгадиры фæдыл йæ уис хæссы Сæрмæт — æрыгондæр хосдзаутæй иу. 53
Æмхасæн бæрæггæнинаг дзырдæн арæхдæр фæлæууы йæ фæстæ, хатгай та - йæ разæй: Махæн, талынг адæмæн, кæд исты рæдийæм, - нæ тæригьæдтæ барст (Б. А.). Æнæуд предметтæй æмхасæн вæййы сæрмагонд номдар: горæт Беслæн. Иумæйаг номдар æмæ адæймаджы номæй (мыггагæй) æмхасæн вæййы иумæйаг номдар: Мæ хо Любæ. Фæлæ цæсгом фæбæрæг, фæбæлвырддæр кæныны тыххæй æмхасæн свæййы сæрмагонд номдар: Йæ мад, Люся, нæ зыдта улæфт. Æмхасæн бæрæггæнинаг дзырдимæ баст вæййы æмбарынгæнæн бæттæгты руаджы дæр: ома, куыд, кæнæ, йæ ном; дзырд зæгъгæ-иæ: Ме ’мбал, Ленæ йæ ном, цæры нæ сыхы; Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ, ома сæйрат æмæ зæгъинаг, аразынц хъуыдыйады грамматикон бындур. 57-æм фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут æмхасæнты арæзт. Зæгъут, бæрæггæнæнтæй цæмæй хицæн кæнынц. 1. Ам арæх дзæбидыр - хæххон æрдзы уазæг - /Сæрбæрзондæй слæууы бырынцъаг къæйтыл,/Ам арæх сычъи дæр - лæгъз сæппытыл хъазæг - /Фæзилы æхсæр- дзæны хауæн былтыл (Ц. А.). 2. Цы зæгъдзæни нæ кæстæр та - нæ цин,/Нæ цæсты рухс, - кæй тыххæй кæнынц абон/Дыууæ паддзахы ерысæй быцæу? (Ш.). 3. Фæстагмæ фысымты ныхас фергом: махимæ, æвæлтæрд хосдзæуттимæ, кæрдой æви хицæнæй? (Хъ.М.). 4. Обауыл иунæгæй лæууы хъомгæс - зæронд Хъарабас. 5. Йæ фыд Уане хорз лæг уыди, бирæ чи фæбалц кодта, бирæ чи федта, ахæм. 6. Мах, дыууæ ирон лæппуйы, хæхтæсгарæг инженертæ æмæ нæ фæндагамонæг хистæр Елмурза, фæр- сæй-фæрстæм бадтыстæм Уазайы бæрзонд хохæн йæ хуссар- варс (Б. Т.). 7. Ей, Æмбазыг, хорз Иналы фырт! Аздæх арды- гæй æмæ бакъул кæн/Ды дæ уаты æхсæв иунæгæй (Къ.А.). 8.Æгуыдзæг ком - Джимара, - гæмæх сты йæ къултæ... / Мæгуыр хæххон зæронд лæг - Берозы фырт Тотырадз - /Йæ сабиты нывæрдта ссадхæссæн дзæкъулы. 9. Гъей- 54
гъей, цæры Тотырадз, уæллагкоймаг зæронд лæг (Хъ.Соз.). 10. Уартæ фаллаг цæхгæркарст, бæрзонд æлыгджын был. 11. Æрцыд æхсызгон уазæг - уалдзæг (Г. Б.). 12. Афтæ чи дзырдта, уыдонæн сæ иу уыд Долæты æфсымæртæн сæ хистæр - Темболат (Б. Т.). ÆХХÆСТГÆНÆН Æххæстгæнæн у ахæм фæрссаг уæнг, кæцы нысан кæны, архайд цы предметмæ ахизы кæнæ, цы пред- метимæ цæуы, уый. Дзуапп дæтты хауæнты фæрстытæн, ахæм фæрстытæй уæлдай: кæйау? цæйау? чи? кæм? цæм! Æххæстгæнæн фæнысан кæны объект, арæхдæр загъд цæуы номдар æмæ номивæгæй. Уыдонæй уæлдай загъд цæуы бæрцон нымæцонтæй, субстантивацигонд дзырдтæй, мивдисæджы æбæлвырд формæйæ разæвæрдтæ æмæ фæсæвæрдтимæ æмæ æнæ уыдон; синтаксисон æнæдихгæнгæ æмæ æнгом дзырдбæстытæй, объект чи нысан кæны, ахæм хъуыдыйæдтæй. Хъуыдыйады æххæстгæнæн баст вæййы мивдисæгимæ, мивдисæгæй арæзт номдаримæ, архайд, процесс бæрæггæнæг номдартимæ (тох, быцæу), барæн бæрцы миногонтимæ, миногонтимæ цух, дзаг, мивдисæджы формæтимæ (миногмитæ æмæ фæрссагмитимæ) æмæ фæрсдзырдтимæ. Хицæн кæнынц комкоммæ æмæ фæрссаг æххæст- гæнæнтæ. Комкоммæ æххæстгæнæн бæрæг кæны, архайд кæмæ ахизы, ахæм предмет, баст вæййы цæугæ мивдис- джытимæ. Дзуапп дæтты фæрстытæн кæй? цы! Мæхи та дын стауын... (Къ.); Ахмæт уадындз зæххыл авæрдты (Г. С). Комкоммæ æххæстгæнæн æбæлвырд предмет кæнæ предмет иумæйагæй куы фæнысан кæны, уæд æвæрд вæййы номон хауæны, фæлæ бæлвырд предмет куы фæнысан кæны, уæд та æвæрд вæййы гуырынон хауæны. Фæрссаг æххæстгæнæн баст вæййы куыд æдзæугæ, афтæ цæугæ мивдисджытимæ дæр, мивдисæджы миногмион 55
æмæ фæрссагмион формæтимæ æ.æнд. Дзуапп фæдæтты дæттынон, иртæстон, арæзтон, æддагбынатон æмæ цæдисон хауæнты фæрстытæн: Мæ зæрдæйы уарзондзинадæй дæ мæхицæн адджынæн бацагуырдтон (Б. Е.); Цæмæй дын авæрон ныфсытæ, - /Кæй судзгæ артдзæстæй. кæй зынгæй. /Зæххыл кæд рухсдæр уарзты дзырдтæ/Мæ уды баззадысты ’ндзыгæй?'.. (X. 3.). Хъуыдыйады вæййы ахæм æххæстгæнæнтæ, æнæхъæн хъуыдыйады мидис чи феххæст кæны. Уыдон сты детерминантон æххæстгæнæнтæ: Дымгæйæ рог кæнынцуæнг- тæ; Уыдонæн дзуапп раттын нæ фæразы Азæмæт (Б. Г.). 58-æм фæлтæрæн. Бахахх кæнут æххæстгæнæнты бын. Сбæрæг кæнут, цæмæй загъд æрцыдысты, уый. 1. Алмас дæр фæндæгтæ æвзарыныл нæ сахуыр (Хъ.М.). 2. Мæ зæронд мад, цы кæна дæ хауæггаг фырт, нæ зыдта æфхæрд æмæ гадзрахат быхсын. 3. Ды дæ фæстаг сахат бæллыдтæ йæ уындмæ, ды йын ныббарстаис æппæт дæр, загътаис ын рæвдауæн ныхас. 4. Æз зонын уыцы цæссыджы судзаг, зонын уыцы хъæбысы ад, зонын уыцы зæрдæбын ныхасы рæвдыд (Дж.Ш.). 5. Дур мæ фæрсты атахт. Йæ цыргъæй мын ме ’нгуылдзы кæрон ахафта (М. С). 6. Æнæ æмбалæй та халон дæр хъæды нæ цæры (Хъ.А.). 7. «Зынг» зæгъынæй ком нæ судзы (Æ.). 8. Æрдхорд зынаргь у, æфсымæр та уымæй зынаргъдæр у («Р.»). 9. -Уæд та мын мæ сыхаг мæйтæй исчи æфстау куы раттид иу къорд бонтæ, - загъта Мартъи йæхинымæр. 10. Сниудтой фыццагæй тыхджындæр дымгæ æмæ зилдух тымыгъ (И.т.). 11. Хур царды фидиуджытæ æрвиты зæхмæ (Б. А.). 12. Æмæ йыл худæн дæр нæй - бафæллад æнхъæлмæ кæсынæй (Ц. М.). 13. Кæддæр Минæты сау рæсугъдæн урс уарди дидинæг æртыдтон (Хъ.С). 14. Мæ туг, ме стæгимæ нын уаринагæй ницы уыд. 15. Схуыст, уайдзæф æмæ тъæппытæй баузæлыд сидзæрыл, хурыскаст æмæ йæ хурныгуылдыл ныффæдзæхста - 56
куыстаг бирæ хуымы дæр, кæрты дæр (М. С). 16. Хæстамонд курæг дæн æрмæст (Дж.Н.). 59-æм фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут, æххæстгæнæнтæ æмæ, цы дзырдты дæлбар сты, уыдон цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый. 1. Ласынц ардæм сæхи буарæй æфхæрд дзыллæтæ. Дуне æппæт куы фесæфой, уæддæр ацы чызгæн æвзæрæй тас нæу (Б. Г.). 3. Æхсар æрбадти æмæ æнхъæлмæ кæсын байдыдта йæ хуры тыны фæзындмæ (Б. Е.). 4. Кæдæй-уæдæй ма хуры цæст федтой Хохгæроны цæрджытæ (Б. Г.). 5. Иу чысыл ма, æмæ мæ дæ цæсты кæронæй дæр нал федтаис. 6. Зонынц, нæ фыдæлтæ никуы тарстысты знаджы бирæйæ. 7. Дымгæ мит рогæн фелвасы, уыциу калд æй бакæны хуыссæгхъæлдзæг, ихæнæй ризæг адæмыл (Б. М.). 8. Уыдон дзурынц дæ фыды тыххæй, уый æхсар æмæ лæджыхъæды тыххæй (Г.). 9. Цыдысты бонтæ æмæ къуыритæ кæрæдзийы фæстæ уыцы иухуызонæй, æмæ сæ иу иннæмæй уæлдай бæрæг нæ дардта (Дз.К.). 10. Махæй ничи зыдта, Тегайы бæлас кæй схуыдта, уый (Дз.К.). - Зæгъ-ма мын, мæ уарзон, дунейы циндзинæдтæй стырдæр æмæ рæсугъддæр кæцы у? - бафарста Хъуыдайнат усы (К. А.). 11. Æрмæст дын фæдзæхсын: нæ дыууæйæ дарддæр ацы хабар куыд ничи базона, афтæ (И.т.). 12. Исдугæй-исдугмæ райхъуысынц йæ «оффытæ» (Б. А.). 13. Мæ фыд æнæ мæн хъæдмæ, быдыры куыстмæ нæ цыд. Цумайы лæдзæгæн мæ дардта (Ц. М.). 14. Дæ хуызæттæ фыдæй фыртмæ вæййынц/Сæ хицауæн æрмæст цагъартæ. 15. Хъысмæтæй дæм цы хал æрхаудта, уый дын кæй аххос у? 16. Сымах хуызæн мæн дæр Цæрын куы фæнды, дарæс дарын, худын. 17. Лæг, дам, нæу уый! Цæмæй нæ дæн уæд лæг? Цæмæ гæсгæ мæ равзæрстат æвзæрæн? 18. Цы ныл æрцæуа хъуамæ? Хæцаг калм нын куы не схастай, мыййаг! (П. Г). 57
ФАДАТОН ДЗЫРДТÆ Архайд цавæр фадæтты фæцæуы, ома кæд, кæм, куыд, цас, цæмæн, цавæр уавæрты, уый æвдисæг хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ сты фадатон дзырдтæ. Фадатон дзырдтæ сæ нысаниуæгмæ гæсгæ сты цалдæр хуызы: архайды хуызы фадат, бæрцы æмæ кьæпхæны фадæттæ, бынаты æмæ афоны фадæттæ, нысаны, æфсоны æмæ бадзырды фадæттæ. Дзуапп дæттынц сæ нысаниуджытæм гæсгæ алыхуызон фæрстытæн: куыд? куыдæй? кæйау? цæйау? кæм? цæм? кæцæй? кæдæм? кæцырдыгæй? чердыгæй? кæд? кæдæй? кæдмæ? цас рæстæг? цæмæн? цæй тыххæй? цæмæй? цæмæ? кæд? цавæр уавæрты? Фадатон дзырдтæ арæхдæр загъд вæййынц фæрс- дзырдтæй. Уымæй уæлдай номдартæй, номивджытæй æмæ мивдисæджы æбæлвырд формæйæ разæвæрдтæ æмæ фæсæвæрдтимæ æмæ æнæ уыдон, фæрссагмион формæ- тæй, иртæстон хауæны миногонтæй, дзырдбæстытæй. Баст фæцæуынц æфтыдады æмæ æмарæзты руаджы мивди- сæгимæ, миногми æмæ фæрссагмиимæ, фæрсдзырдтимæ, хатгай миногонтимæ дæр. Хъуыдыйады вæййы ахæм фадатон дзырдтæ дæр (арæхдæр афоны æмæ бынаты) бæлвырд хъуыдыйады уæнгтимæ бастдзинад кæмæн нæ вæййы. Уыдон сты детерминанттæ. Фылдæр хатт фæлæууынц хъуыдыйады райдайæны: Хæрæндоны бирæ адæм нал змæлынц. Къуымы ма цалдæр лæппуйы хъæлæба кодтой; Кæддæр æхсæвæй- бонæй æз дæруыцы ныхасмæ бæллыдтæн (М. С). 60-æм фæлтæрæн. Ссарут фадатон дзырдтæ, фæбæрæг сын кæнут сæ морфологион арæзт. Цы дзырдты дæлбар сты, уыдон бацамонут. ■ 1. Къæвдаты фæстæ фæхус и зæхх (Б. М.). 2. Афæдзмæ ’ввахс гыццийы къæсæрæй нал бакаст (Б. А.). 3. Уыди нæм æрмæст иунæг хæзна, æмæ уый фæрцы стонгæй дæр 58
уыдыстæм æфсæст (Б. Е.). 4. Сатойы зылды нæудзаст былтæ хуримæ хъазынц фыццаджы хуызæн (Б. Г.). 5. Сæ хæргæфсæн цæхх бадардтой, æртæ боны йæ æнæ дон ныууагътой, стæй йæ лыстхалы фæзы уæлæмæ аскъæрдтой (И.т.). 6. Гъе уæдæй фæстæмæ уæрцц бæласыл нал бады, хуымтæ æмæ уыгæрдæнты лыхъхъытæ агуры, уым ахстон кæны. 7. Бæхмæ хæстæг бацыдис æмæ йæм уыцы иу цæрдæг гæпп бакодта. 8. Йе ’фсæддонтæй дыууæмæ фæдзырдта æмæ араст кодтой дон-дон уæлæмæ. 9. Уыцы згъоргæ- згъорын Таймураз æвиппайды дзыхълæуд фæкодта æмæ лæгæты къахырæй уырдыгмæ, комы ’рдæм, æдзынæгæй кæсы (И.т.). 10. Уым цас дзыллæ цардис фыдæлты заманæй! 11. Уæлдай райдзастæй æвдыста йæхи уыцы уалдзæг. 12. Самадта уым мæсыг æмæ дзы бадти цæргæсау адæмæй иртæстæй. 13. Уæдæ ма йæ куыд фидардæр саразон мæ мæсыг. 14. Рагфæззæг сугмæ уæддæр цæудзæн. 15. Райсомæй раджы рараст у (Б. Г). 16. Рæдыд мыл æрцыд дæу аххосæй. 17. Æхсар уым куы ’рбадти, уæдæй нырмæ аивгъуыдта иу сахатæй фылдæр рæстæг. 18. Ацы хатт Хæмыцыл уыди ног дарæс сæрæй къæхтæм (Б. Е.). 19. Сывæллоны тæссæй исдугмæ иннæ хъуыддæгтæ айрох сты сылгоймæгтæй (Б. М.). 61-æм фæлтæрæн. Бахахх кæнут фадатон дзырдты бын, сбæрæг сын кæнут сæ хуызтæ æмæ сæ морфологион арæзт. 1. Уый та дын иу бон ацыди цуаны Хæмыц æмæ маргъ æхстмæ не ’рыййæфта, сырды мыггаг та йæ цæстæй дæр нæ федта, суанг изæры онг (Н.к.). 2. «Нæ» дын куы зæгъой, уæддæр ууыл ма ныууадз - иу «уычых» - æй сæгъ дæр не здæхы (С. Л.). 3. Тохæй тохы ’хсæн иу чысыл рæстæг фæвæййы адæмæн аулæфынæн. 4. Йæ тых, йæ бонæй йæхи уæлæмæ сивæзта æмæ цыдæр амæлттæй фæуæле. 5. Залихан æй фыццаг хатт куы федта, уæд йæ рæсугъд, зына-нæзына дæргъæлвæс цæсгом хурау ныррухс. 6. Ныр иу цасдæр фæстæмæ дæр нæ кæсы. 7. Йæ бæхыл саргъ æвæрын кодта 59
Тары фырт Мукара æмæ араст ис тыхгæнæджы бæрæггæнæг (Н.к.). 8. Дымгæ ныззары нæ хæхты рæбынты, уидагмæ æнкъуысынц сау хъæды бæлæстæ (Къ.А.). 9. Раздæр æм барæй лæмæгъ лæууыдтæн, - йæ мидбылты фæлмæн худгæйæ, дзырдта Годжийы фырт. Сæ иу уыд адылийы бæрц бæрзонддæр, аннæ та - уæнтæй фæтæндæр. 10. Иу фæзилæны фæндаджы былæй тæрхъус асæррæтт ласта. 11. Иу цасдæры фæстæ куыдз йе ’взаг раппæрста æмæ йæ хицауы раз афтидæй æрбалæууыд. 12. Цæрынæй-хæрынмæ Ирыстоны мардæн æгъдау раттын кады хъуыддаг цыдис (Хъ.А.). 13. Зæгъ-ма уæдæ,/Цæмæн равзæрстай мæн? (X. К.). 14. Сырдтæ бонасадæн кæнынмæ сæхи айстой хъæдмæ. 15. Ды рацыдтæ мæн агурæг, æмæ дæ къухы ницы бафтыд. 16. Куыд хистæрæй бадынц бинонтæ, хæрынц æмæ нуазынц (И.т.). 17. Зонын æй, адæймаг равзæрд аразынæн, фæлди- сынæн (Дз.Х.-М.). 18. Йæ чысылæй абоны онг фыййауæй фæцардис (Б. Г.). 19. Кæнын æмгъуыдтæ адæргæй мæ куыстæн,/Кæнын мæ абон райсомæн нывонд (Дж.Ш). 62-æм фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут фадатон дзырдты хуызтæ сæ амындмæ гæсгæ. 1. Ныр æм армы æвæрдау разынд йæ уыгæрдæн. 2. Йæ хурхы уадындзтæ йын цыдæр æлвасæгау æрбакодта. Иу дзæвгар аззад сагъдауæй (Хъ.М.). 3. Уыцы рæстæджы дæргъы æркодтой æрмæстдæр иу лæуд. 4. Æмæ мæнæ мах уазæджы фыдæй куы мæлæм (Б. М.). 5. Фæлæ уый хыгъд йæхи тухитæ фæфылдæр сты (Б. А.). 6. Æнæ бахъавгæйæ фехста, æмæ мысан æрхауд (И.т.). 7. Æртыккаг райсом нывгæнæгмæ бакæсын диссаг уыди: йæ сæр рæсугъд ныффаста, иуварсырдæм ацыд æмæ дардæй касти йæ нывтæм. Йæ тыппыр былтæ зына-нæзына змæлыдысты. Йе ’рфгуытæ уæлиау систа. Афтæ зынди, цыма йæ хъустыл цыдæр уади, цыма цæмæдæр хъуыста. Файтоны фарсыл нывы, рыг сæ сæрмæ сбадти, афтæмæй тъæбæрттæй тахтысты барджытæ (Ц. М.). 8. Æз равзæрдтæн табу 60
кæнынæн адæмæн Æмæ амонд уыцы фарны ардзынæн. 9. Æрфæззæг и, ныссæлфынæг и бæстæ,/Нырхæндæг зæрдæ иунæгæй, ныссау,/Нырау тæхуды никуы кодтон уарзтмæ,/Фæлæ кæм и Хуыцау?! 10. Цæй, кæм хаттæ, уарзондзинад - сау лæппу,/Цы дæлдзæхтæй уыди дæ фæндаг уагæры!/Хуры чызджы н’агуырдтай кæд, атъæпп уай,/Иу хатт дæр куы нæ ауадтæ ме ’мгæрон. 11. Æз та сæм, зулмæ кæсгæ, адæргæй ыздыхтон/Мæ даргъ дзыккуйы къæдзил м’ амонæн æнгуылдзыл (X. 3.). 12. Цыдтæн зæрдæрухсæй бынмæ,/Цыдтæн Бæрзонд Тæрхоны хохæй (М. В.). 63-æм фæлтæрæн. Зæгьут, тексты цавæр фадатон дзырдтæ ис (бынаты, афоны, æфсоны, нысаны, архайды хуызы, бæрцы). 1. Донæн йæ дыууæ фарс къаннæг хъæутæ æнæ къæрцц, æнæ хъæлæбайæ лæууынц. 2. Уыдоны фыддæрадæн-иу рабадти Хъылци Фугæджыны сæр æмæ-иу разарыди йæ зæлланг хъæлæсæй (Хъ.Соз.). 3. Ныддыз-дыз кодта йæ сæрæй йæ къæдзилмæ. 4. Чысыл æддæдæрæй йæм цы дыу- уæ зынджы стъæлфы æрттывтой, йæ фæгæпп æмæ уы- донмæ йæ фемдзаст баиу сты (Хъ.М.). 5. Стыр уæрм- гонды дæлгоммæ фæлдæхтæй лæууы æндæр хæстон (Дз.Г.). 6. Сыджыткъахæнæй уырдыджы бырынц иннæтæ тъепайыл æмæ къахдзоныгътыл æмæ фæзы хуымы бæрзонд быруйы сæрты быргæ-бырын расæррæтт кæнынц (Б. Ч.). 7. Уырызмæгæн дзы иу дæр уæлæмæ нæ сыстад, мæстыгæнæджы каст æм ракодтой. 8. Уалынджы Уырызмæг цуанæй уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй æрцыдис. 9. Хъуыды кодта æмæ зæдты ’хсæн дæр Уырызмæгæй хъаруджындæр æмæ зондджындæр никæй ардта (Н.к.). 10. Уайтæккæдæр хъазгæ-худгæйæ хъæды кæронмæ æрхæццæ сты. 11. Йæ къахы ныхтæй йæ сæрыхъуынмæ аныгъуылд Челе куысты, йæ сæр никуы систа æмæ никуы акаст фæйнæрдæм царды рухсмæ (Æ. И.). 12. Раздæры бæрц кусын ын нал æнтыст (Н. П). 61
64-æм фæлтæрæн. Хъуыдыйæдтæй рафыссут сæйрат æмæ зæгъинаджы къордтæ. Хъуыдыйæдтæн саразут схемæтæ. Хуызæг: Сæ буц ныхас мæм нарты ’взагæй хъуысы (Дж.Н.). ныхас хъуысы сæ оуц мæм 1. Кадджын лæгæн йæ ном нæ мæлы 2. Уарзондзинад æнахуыр цыдæр у. Адæймаджы цъыфы дæр тулы, уæларв стъалытæм дæр æй хæстæг кæны (Б. Е.). Чындздзон чызджытау/Сæ мидбылты худтæй рæвдыдтой йæ хæхтæ. 4. Æнусон урс цъити йæ улæфтæй тад (Н.). 5. Æнæ уыцы чызг та мæ мæлæт мæ цардæй хуыздæр у! (К. Р.). 6. Ахæсты ’хгæд къуыммæ райсомæй раджы/Хуры тын бакасти иу хатт куыддæр (Г. Ц.). 7. Ныр дæр та йын йæ хидæйдзаг хурсыгъд цæсгом фæлмæн армæй рæвдауы, лыстæг даргъ æнгуылдзтæй йын йæ мыдхуыз бæзджын сæрыхъуынтæ фасы, æмæ Сæрмæтæн йæ зынтæ миты тъыфылтау тайынц... (Ц. И.). 8. Йæ хорзы æддæмæ ничи дæтты (Н.к.). 9. Æнæбæх лæг æнæбазыртæ маргъæй уæлдай нæу (Æ.). 10. Ирон адæм, стыр дзыллæ уæвгæйæ, сæхи скуынæг кодтой, иумæйаг æфсымæруарзондзинадæй фидар нæ уыдысты, искæй цæф сын нæ рысти, сæхи æлхыскъыл кæрæдзи мардтой, цагътой (Г. С). 11. Чысыл рæстæджы фæстæ фегом фæйнæг кулдуар, æмæ дзы рахызтис Михал тарбын бур бæхыл. Чысылæй нырмæ иунæгæй цæрын уарзта Джамботт (М. Д.). 65-æм фæлтæрæн. Нысангонд дзырдтæ æмæ дзырд- бæстытæн бацамонут сæ синтаксисон функцитæ. 1. Йæ сæрмæ былыл,/Раст рахауæн бæрзонд къуыл- 62 ’взагæй нарты.
дымыл,/Фатимæ уадзыгæй хуыссы (Къ.). 2. Кæд æз мæхæдæг дæн аххосджын..., бырсынæн ахæм фæндаг кæй равзæрстон, уымæй? (Æ. Æ.). 3. Ныхлæууын сымахæн уыдзæн сæфты къахдзæф, бынтон æнæзонд гуымыдзадзинад: уæ горæтыл æртыхстысты советон Забайкалы фронты æфсæдтæ (Дз.Т.). 4. Фæлмæн, фæллад зондджын цæстытæй ма цалдæр хатты скастис йæ хицаумæ (Б. Т.). 5. Æз уаллонау нæ уарзын хилын йе ме рагъыл нæ хæссын над (Н). 6. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ирон адæм равдыстой стыр хъæбатырдзинад («Р»). 7. Афтæмæй иумæ хæлæртты цард фæкодтой сæ чысылæй фæстæмæ (М. Д.). 8. - Уый цы хабар у, цы уыл æрцыд? - дисхуызæй бафарста Хъазантемыр. Уæд Ануси афтæ: - Уæлæ нын Мухадзыр нæ мыды къæм ныппæрста. - Æмæ стыр къæм у? (С. С). 9. Фæндыдис æй æнæрынцой, тыррыкзæрдæ маргъмæ скæсын: цы кæны, цы йæ уæлфад гал лæууы (Хъ.М.). 10. Цыма сæ царды бонтæ цыппæркъахыг сырд феныны тыххæй тыдтой, нырма йыл сæ цæст никуы æрхæцыд - бирæгъ куыдзмæ мæнæ-мæнæйæ нал уыдысты. 11. Цалдæр боны та арв дæлæмæ æрхауд (Хъ.М.). 12. Тазрет йе ’мбæлттимæ хъазты кæрон лæууыди. Рад æм кæй не ’рхаудзæн, уый зыдта æмæ касти, лæппутæ чызджыты цæстмæ сæ удтæй арт куыд цагътой, уымæ. Йæ хъус дардта Разитæмæ дæр. 13. Ау, Иры дзыхъхъы ахæм стыр дугътæм цæттæ кæнæнт, æмæ йæ Мырзахъулы фырт ма зонæд?! 14. - Кæсын, æмæ мæм куыройы аууонæй дыууæ чызджы сæ къухтæ тилынц. 15. Цæуыл нæ ахъуыды кодтон уыцы сахат. 16. Рамбæхсбамбæхсгæнгæ, фæсвæдты ардæм комкоммæ рацыдтæн (Ц. М.). 66-æм фæлтæрæн. Бацамонут, æнгом дзырдбæстытæ цавæр хъуыдыйады уæнгтæ сты. 1. «Ехх, нæ фыдæбæттæ - дон хиды бынты...» - айхъуыста Аматул салдæттæй кæйдæр цъæл хъæлæс 2. Æвæццæгæн æм хардзау кæсы, хистæр лейтенант уæвгæйæ, уæлдæр кæй нæма схызт, «йæ хъуымыз йæ 63
донгæмттæй кæмæн кæлы», йæхи уый онгты нæ уадзы. Æвдисгæ йæ нæ кæны, фæлæ Аматул куырм нæу: йе ’мвæз æрлæууа, уый йæ сæрмæ нæ хæссы... Чи та ма кæстæрыл йæ арм фæдары (Б. М.). 3. - Хъази, дæ зæрдæ куыд къæбæлдзыг у, дæ сæр афтæ куы уаид, уæд бухайраг уæрыккæй диссагдæр фæцадаис (Т. А.). 4. Ацу, æмæ дын кæд мæ дзыхæй хай уыдзæн, уæд дын хæлар уæд, кæннод Сехи гоппыл фæхау. 5. Мæ уд æрдуйæ нарæгдæр куы сси. 6. Йæ бæх бафснайдта, йæ саргъ, сæргуыбыр æмæ уæнтæхъилæй агъуыстмæ бацыд (Н.к.). 7. Битар атагъд кодта рынчындонмæ. Цыдис, фæлæ зæрдæ йæхи къултыл хоста (X. 3.). 8. Мæ хъысмæтыл сæ зæрдæйы тугтæ калдысты. Æппынфæстаг сæм мæхи нал баурæдтон, арт фестадтæн, æмæ мæ судзгæ æхсидæвтæ хауд (А. Г.). 9. Сæ мыды къæм ныххауди. 10. Æнæсæр карчы гæппытæ ма бæргæ кодта, фæлæ йæ улæфт йæ хъуыры фæбадт (Ц. М.). 11. Уæдæ ма уæд мæхи та цы худинаг кæнон? Асйаты тæригъæды та ма цы цæуон? (Б. Е.). 12. Æгас хъæуы æндæр кой нал уыд, цъиутау æй уасыдысты (Ф. Дз.). 13. Кæд дæ къухы бафта маврæн сыкъатæ ныссадзын, йæ усы йын байсгæйæ, уæд дæуæн - æхсызгон, мæнæн та - худæгæй бакъæцæлы хос (Ш.). 67-æм фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут, разæвæрдтæ æмæ фæсæвæрдтæ сæрмагонд ныхасы хæйттимæ цавæр хъуыдыйады уæнгтæ сты, уый. 1. Æнæ уæлдай сыбыртт рахылдысты былмæ (Б. М.). 2. Хъæугæронмæ дыууæ изæры астæу схæццæ ис (И.т.). 3. Таймураз куыддæр сæ кæрты æдсаргъ бæхтæ ауыдта, афтæ æвиппайды йæ зæрдæ æрсабыр (И.т.). 4. Худинаджы бæсты мæлæт хуыздæр у (Æ.). 5. Марын уыдонæн æз нæ бакомдзынæн, фидауцы тыххæй та мын уыдон нæ ратдзысты дзуапп (Б. Г.). 6. Равзæрстой æхсарджын, æдзонд лæгтæ (И.т.). 7. Бирæ сидзæртæ дзы баззадис æнæ фæхæцæгæй, æнæ фæдарæгæй (Б. Г). 8. Æнæбары лæг дыгæйттæ ласы (Æ.). 9. Тулæг дурæй къæрттытæй фылдæр цы хауы (И.т.). 64
10. Адæм нæ бамбæрстой, Хасæхъойы ныхас цæй фæдыл у, уый (Б. Е.). 11. Уый чъызгæ-ризгæ дуры бын/Байрæзт цъæх нæуæй миты ’хсæн (Б. Г.). 12. Хорзы йеддæмæ дзы ницы у мæ бон зæгъын (Б. А.). 13. Ахудыны охыл-иу цы нæ æрбаймысыдаид (Б. А.). 14. Уыцы рæстæджы дæргъы æркодтой æрмæстдæр иу лæуд. 15. Æмæ мæнæ мах уазæджы фыдæй куы мæлæм (Б. М.). 16. Фæлæ уый хыгъд йæхи тухитæ фæфылдæр сты. 17. Хæдзары бæсты-иу дыргъ æркæлæд. 18. Рæвдыд æмæ дзы хъазæн ныхасæй уæлдай никуы ницы фехъуыста Симæ. 19. Суанг хæдзары онг се ’ртæйæ дæр иу сыбыртт никæмæй схаудта (Б. А.). 20. Мæй мигъты фæстæйæ ракаст (Б. М.). 21. Ныр дыууæ сахаты бæрц уары (Е. Т.). 22. Æмæ, æцæгдæр, йæ фæндмæ гæсгæ хъуыддаг дæр сарæзта (Г.). 68-æм фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут мивдисæджы æбæлвырд формæйы (инфинитивы) синтаксисон функцитæ. 1. Хъавыди дæлæмæ, комы донмæ, ныууайынмæ æмæ йæхи уым ахсынмæ. 2. Хистæр сæ дзæгъæл фезмæлын нæ уадзы. 3. Æниу æм ацы уавæрты, ацы фæндагыл дзурын дæр нæ цæуы (Б. М.). 4. Софи йæ хъуыды аивыны фæнд нæ кодта. 5. Æцæг мит йæ уарынæй фæлæууыд (Б. Ал.). 6. Лæппу æмбæрста, фистæгæй цæуын ын бирæ æнцондæр уыдаид. 7. Сослан бæхыл сбадынмæ йæ ныфс нæ хаста (Н. П). 8. Стыр хæрдзтæ скæныныл нæ бацауæрста. 9. Райхæлди йæ мæлгъæвзаг, æмæ уый дæр йæ рады нæ ауæрста Алыккатæн хуыздæр раарфæ кæныныл (С. У). 10. Йæ зæрды уыдис уырдæм бадзурын, дон ракурын (Г.). 11. Тых мын - мæ къабæзты! - хæстæн,/Ыстæй - тых кæнынæн, цæрынæн!.. (Дж.Н.). 12. Тедейы сæры хил уыцы æрра тохмæ кæсынæй арц сбадти. 13. Теде йæхи Æфсатийыл бафæдзæхста æмæ сæм уадымсы ныхмæ йæ гуыбыны цъарыл гæдыйау хъуызынтæ систа. 14. Адæм æстдæссион сагыл æмбырдтæ кодтой, кæсынæй йæм не ’фсæстысты. 5 Заказ № 53 65
15. Фæлæ лæгуын уæрццæн зад хуымы хизын кæд фидыдта? 16. Уæлдай бузныг дæ уаин, ацы ерысты ма мыггаджы номæй архайыныл куы сразы уаис, уæд. 17. Йæ уд æрдуйæ нарæгдæр сси, фæлæ йын алидзыны мадзал дæр нæ уыд. 18. Гуыры кондæй ницы зæгьæн уыд æрыгон æлдарæй. 19. Амæн Уæрæсейы мулкæй дæр балхæнæн нæй (Хъ.А.). 69-æм фæлтæрæн. Бацамонут инфинитивы синтак- сисон функцитæ. 1. Иннæ отряд дæр лæууыд йæ хæдфæстæ цæттæйæ, схæцын æввонгæй (Дз.Т.). 2. Цард, цы фæдæ, цард, цы фæдæ?...фынæй кæнын ды ма уадз къахыл цæуæджы./Æмæ йæ æмбыд къодахæй/Дунетыл хæтын./Фæлæ мын цæрыны бартæ/Ратт мæ зæрдæйæн (Н.). 3. - Уæртæ дын уыцы лæппуимæ та хъазыны бар чи радта? - ацамыдта сылгоймаг Габомæ (X. А.). 4. Фæкæлынæй тас сын нал у ныр. Фыды къонайы цæхæр сæ фæкæлын нæ бауадздзæн, йæ фæд-йæ фæд сæ бакæндзæн хъæумæ (Ц. М.). 5. Марине кæуын хъæлæсæй афтæ зæгъы: - Ныртæккæ чысыл раздæр мæм цыдæр æрбацæйцыд (Г. С). 6. Цард аразыны фарст æрлæууыд йæ размæ, уый та æрмæст йæхи бинонты чысыл цард саразыны хъуыдытыл фæцис. 7. Иу кодта сæ хъæр, æмæ сæм куыдфæстæмæ зарын æмæ хъырнынау фæкастис, æмæ сын уæд чысылгай раздæхтис сæхиуыл худынмæ (М. Д.). 8. Адæймагæн маст ракæнын, адæймаджы бафхæрын æнцон у. Иу æнæрхъуыды ныхас - æмæ йын цæрæнбонтæм йæ зæрдæйы сау фæд ныууадздзынæ. Фæлæ хорз саразын... Уый зындæр у, æмæ царды нысан та уый у (А. Г). 9. - Уыцы цæрмттæисæг нын нæ цæрмттæ куы астигъа, уымæй нæ тæрсыс, не ’фсин?.. (С. Л.). 70-æм фæлтæрæн. Хъуыдыйæдтæ баххæст кæнут фæрссаг уæнгтæй. Бацамонут, фæрссаг уæнгтæ цавæртæ сты. 1. Зæхх зынаргъ у. 2. Адæм! Хæст ма ’руадзут. 3. Мах хъæуы сабырдзинад. 4. Сывæллæттæ ныв кæнынц. 5. Зонд 66
фæтых уыдзæн. 6. Сывæллæттæ æмæ хур æмхуызон сты. 7. Æрбабон. 8. Хур каст кæны. 9. Æз райгуырдтæн хохы. 10. Ирон зарæг хъуысы. 11. Къоста - поэт. 12. Адæймаг хъæздыг у. 71-æм фæлтæрæн. Рафыссут хъуыдыйæдтæ детер- минантон æххæстгæнæнтæ æмæ фадатон дзырдтимæ. 1. Иннæ бонтæй уæлдай уыцы бон хъæубæстæ тыхстдæр уыдысты (Хъ.М.). 2. Дыууæйæ цыфæнды зындзинады дæр æнцондæр тохгæнæн у (Ц. М.). 3. Тыхтæ-амæлттæй скъахтон их мæ фадхъулты онг. 4. Ихыл сæ цæх-цæх куыд ссыди, уый дæр ма фехъуыстон. 5. Дæлиау кæмдæр дуртимæ хъуырдухæн кодта комыдон (Ц. М.). 6. Мæй арвы астæу зырнау зилы бур-буридæй æмæ худæнбылæй кæсы Балхъæды æгомыг бæлæстæм (Ф. Къ.). 7. Уынджы сыл хæрхæмбæлд фæцис фыдуæгты фыдуагдæр лæппу Мæхæмæт (Дз.Т.). 10 §. ИУВÆРСЫГ ХЪУЫДЫЙÆДТÆ Иувæрсыг хъуыдыйæдтæ сты хуымæтæг хъуыдыйа- ды хицæн структурон-семантикон хуыз. Дывæрсыг хъуы- дыйады вæййы дыууæ сæйраг уæнджы, иувæрсыг хъуы- дыйады та - иу сæйраг уæнг - сæйрат кæнæ зæгъинаг. Иувæрсыг хъуыдыйæдтæ дих кæнынц дыууæ къордыл: мивдисæгон æмæ номон. Мивдисæгонты сæйраг уæнгтæй вæййы æрмæстдæр зæгъинаг. Сæйрат дзы нæ фæхъæуы, иуæй, уымæн, æмæ йæм фæамоны зæгъинаджы формæ (Мæгуырæй мын ма тæрс. мæ фыды зæронд; Фæдзурыни æй алхагпт, - /Мæ фыдæй хуыздæр/Лæг цуаны нæ ахатт (Къ.), кæнæ та хъуыдыйады сæйрат нæ вæййы, æмæ нæ йæ зонын дæр нæ фæхъæуы (Зын кусæн у адæмимæ; Газетæй æрвыст у нæуазæг. Дзæбæх æм фæкæсын хъæуы (М. Д.). Мивдисæгон иувæрсыг хъуыдыйæдтæ сты ахæмтæ: бæлвырдцæсгомон, æбæлвырдцæсгомон, иумæйагцæсгомон, æнæцæсгомон. 67
Номон иувæрсыг хъуыдыйæдты нæ вæййы зæгъинаг. Уыдон сты: номхуындон æмæ сидтон. Номхуындон хъуы- дыйæдты хуызæн ма сты, тексты ныхасы темæ чи фæбæрæг кæны, чи йæм фæамоны, ахæм дзырдтæ - номдартæ номон хауæны. Æвæрд вæййынц хъуыдыйады разæй æмæ сæ дзургæйæ рахицæн кæнæм æрлæудæй, фысгæйæ та - стъæлфæй, бирæстъæлфæй, хъæры нысанæй, тирейæ (Ный- йарæг зæхх\ Цæсты сыгау цъæх арвæй/Æрхаудтæ ды æдзæм талынгмæ; Æниой, æниой... Уый нæу уæлдæфау рог æмæ сыгьдæг (Дж.Ш.). Мивдисæгон хъуыдыйæдты зæгъинаг сæйраты æууæлтæ нæ февдисы, фæлæ ныхасы (хъуыдыйы) предметы æууæлтæ. Афтæмæй зæгъинаг свæййы хъуыдыйады семантикон æмæ структурон астæу. Номон хъуыдыйæдты сæйраг уæнг - номдар фæбæрæг кæны ныхасы (хъуыдыйы) предмет, йе ’ууæлтæ нæ, фæлæ. БÆЛВЫРДЦÆСГОМОН ИУВÆРСЫГ ХЪУЫДЫЙÆДТÆ Бæлвырдцæсгомон хуыйнынц ахæм иувæрсыг хъуы- дыйæдтæ, зæгъинаг 1-аг æмæ 2-аг цæсгæмтты иууон æмæ бирæон нымæцты кæм вæййы. Хъуыдыйадæй цухгонд æрцæуынц цæсгомон номивджытæ: æз, ды, мах, сымах. Зæгъинаг-мивдисæг 3-аг цæсгомы иууон нымæцы цы хъуыдыйæдты вæййы, уыдон сты æнæххæст дывæрсыг, уымæн æмæ мивдисæджы формæ бæлвырд архайæгмæ нæ фæамоны. Афтæ, мивдисæг кæсын-нмæ сæйрат æрмæст номивæг уый нæ уыдзæн, фæлæ æндæр номивджытæ (чидæр, исчи) кæнæ номдартæ дæр (Чермен, лæппу): - Ма дзурут, уæ хорзæхæй! Кæстæрты та кæрæдзиуыл ма ардау (Б. Б.); Исты куы бакусæм, нæхиуыл куы фæхæцæм, уæд æрбаздæхдзыстæм (Хъ.С). 72-æм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут, цæмæй загъд æрцыд бæлвырдцæсгомон хъуыдыйæдты сæйраг уæнг: 68
æргомон (бæллиццаг, бадзырдон) здæхæны мивдисæгæй фыццаг кæнæ дыккаг цæсгомæй; фæдзæхстон здæхæны мивдисæгæй дыккаг цæсгомы, иууон кæнæ бирæон нымæцы. 1. Рацæут, фæсивæд! Рацæут лæгтæ! Равдисут сахъдзинад хæсты заманы! (Г. Ц.). 2. - Дæ базонæн сахат цъæх фæнык фестæд! Цæмæй дæ зыдтон, дæ мад, дæ фыды бæрзæйыл кафыс цæрæнбонты (Ф. Дз.). 3. Дæ митæ дын хурмæ куы ракалон, уæд мæлæты дзыхмæ хауын. 4. - Цæугæ! Искæд бон ма фембæлдзыстæм (К. Г.). 5. Дурты бын мæ бакæн, мæ цармæй мын дæхицæн уæлхийджытæ бахуый, уæддæр мын æхсызгон йеддæмæ хъыг нæ уыдзæн (Хъ.Соз.). 6. - Чи дæ уый?! - Фæндаггон. Дуар бакæн. - Цал стут? - Иунæг дын куы зæгъын! 7. - Нана! Æрбайхъус! Ма мæ ’лгъит, æгъгъæд у!/Тугæй сæ фæкалдтон, рондзæй сæ фæкалдтон/Дæ дзæбæхдзинæдтæ, дæ риуы ’хсыры цъыртт (Къ.А.). 8. Хорз бар дæм хæлæг кæд кæсы, - /Хай мын ратт фыдæй! (Н.). 9. Фæлæ чысыл стæм, æмæ цы нæ бон у (М. Д.). 10. Лымæнæн дæр мæ ницæмæн хъæуыс, Æзнагæн дæр дæ мурмæ дæр нæ дарын (П. Г). 73-æм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут, лæвæрд дзырд- тæй кæцытæн нæй бавæрæн бæлвырдцæсгомон иувæр- сыг хъуыдыйады куыд зæгъинаг-мивдисæгæн. 1. Кæсын, кæсыс, кæсы, кæсдзынæн. 2. Бафæрс, бафар- стæуыд, бафæрсынц. 3. Згъор, згъордзæн, згъоры, згъорæм. 4. Нымайы, нымайæм, нымадæуы. ÆБÆЛВЫРДЦÆСГОМОН ИУВÆРСЫГ ХЪУЫДЫЙÆДТÆ Æбæлвырдцæсгомон сты ахæм иувæрсыг хъуыды- йæдтæ, зæгьинаг 3-аг цæсгомы бирæон нымæцы æппæт афонты æргомон здæхæны æвæрд кæм вæййы. Уыдон февдисынц æбæлвырд цæсгæмтты архайд. Архайæг цæсгом 69
кæнæ бæрæг нæ вæййы, кæнæ барæй нæ фæцæуы загъд, сæйрагдæр вæййы архайд. Архайæг цæсгæмттæ базонæн вæййы контекст кæнæ ныхасы уавæрæй: Мæнгæй нæ бакæныни: хуынчъытæ мигæ- нæны дон нæ лæууы (Æ); Темуйы быдырмæ фæкæныни? (Б. Б.). 74-æм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут, æбæлвырдцæс- гомон хъуыдыйæдты архайæг цæсгом загъд цæуылнæ æрцыди, уый (уымæн æмæ бæрæг нæу; архайæг бæрæг у, фæлæ барæй цухгонд æрцыд, хъусдард ис архайдмæ; загъд не ’рцыд, уымæн æмæ нæ йæ зæгъын нæ фæнды). 1. Уæздан æгъдауджын лæджы хонынц. 2. Къуырмайæн дзæнгæрæг дыууæ цагъды нæ кæнынц (Æ.). 3. Макæй хъыг дар, макæмæн мацы зæрдæ æвæр, афтæмæй дыл алырдыгæй зындоны арт æндзарæнт? (Б. Е.). 4. Бирæ нал у ы д ху рæй... /Зарынц ма кæмдæр... / Дарддзæст лæппу дурæй акаст та ныр дæр... (Къ.). 5. Фехъусын кодтой Бесойы хъæумæ. Бесойы бинонтæн (Г. Ц.). 6. Рухс цæуы кæронæй,/Бадынц ма кæмдæр (Къ.). 7. Райдыдтой æвзарын. Фондз лæджы дзы æнæ хъæлæбайæ æрцыдысты хъæлæсмæ æвæрд (М. Д.). 7. - Уæллæгъи, Дæхци, цыдæр та сфæнд кодтой. Нæ хор нын байстой, нæ фос нын исынц... (Г. Ц.). 8. Дæ хорзæхæй, ам дæ хъахъхъæнæг сæвæрдтой? (X. Г). 9. Зондамонæгмæ мæсты нæ фæкæнынц (Æ.). 10. Фæлæ хуыздæр, сыгъдæгдæр зæрдæйы кой ракæныны тыххæй хуымæтæджы нæ раскъæфынц, мыййаг, куыдзы зæрдæ. 11. Нæ хæхбæсты рагæй фæстæмæ нæргæ хæдзар лæгдыхæй нымадтой (Хъ.М.). 12. Æвзæры къахыны бæсты зондджынмæ байхъус. 13. Фæлæ мын а кæвдæсарды ном/Æппынæдзух мæ цæстмæ кæй фæдарынц,/Нæ, уый быхсын нæ бауыдзæн мæ бон! (П. Г.). 14. Мæнгæн нæ фæзæгъынц, цин æмæ хъыг фæрсæй-фæрстæм цæуынц (Хъ.А.). 15. Райсомæй рараст у, схиз Сатойæн йæ фæстаг бæрзондмæ. Нæудзаст рагъ у уый. 70
16. Рафæлгæс алырдæм. Дæ цæсты раз æвæрд æрцæудзæн æгас Цæцæны бæстæ (Б. Г.). ИУМÆЙАГЦÆСГОМОН ИУВÆРСЫГ ХЪУЫДЫЙÆДТÆ Иумæйагцæсгомон иувæрсыг сты ахæм хъуыдыйæд- тæ, архайд иумæйаггонд цæсгæмттæм хаст кæм цæуы, зæгъинаг та загъд вæййы 2-аг цæсгомы мивдисæгæй. Архайд ахæссæн вæййы алкæмæ дæр кæнæ цыфæнды цæсгоммæ дæр, уымæ гæсгæ иумæйагцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйæдтæй арæх арæзт вæййынц æмбисæндтæ: Хорз ма ракæн æмæ фыд ма ссарай; Цы мын фæдæ, уый мын мауал фæу; Мæлæтæй ма тæрс, мæгуырæй тæрс. Иумæйагцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйæдты хуызы загъд цæуынц уынаффæтæ, арфæтæ, бардзырдтæ æ. æнд.: Ахуыр кæнутуе ’взаг. Дывæрсыг хъуыдыйæдты арæнтыл лæууынц хъуы- дыйæдтæ æбæлвырд æмæ иумæйаггонд архайæгимæ. Зæгъæм, ахæм дзырдтимæ: адæгшаг, адæм, номивджытимæ: чидæр, ды, мах æ.æнд.: Адæм цы кæной, ды дæруый кæн. ÆНÆЦÆСГОМОН ИУВÆРСЫГ ХЪУЫДЫЙÆДТÆ Æнæцæсгомон сты ахæм иувæрсыг хъуыдыйæдтæ, зæгъи- наг-мивдисæг цы архайд кæнæ æууæл æвдисы, уыдон бæл- вырд архайæгимæ кæнæ æууæл хæссæгимæ баст кæм не сты. Зæгъинæгтæ æнæцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйæдты вæййынц хуымæтæг æмæ амад мивдисæгон, стæй амад номон. Уыдон загъд æрцæуынц ахæм грамматикон фор- мæтæй: мивдисæджы æнæцæсгомон формæтæй (дзырдæуы), хуымæтæг æмæ вазыгджын мивдисджытæй, мивдисæджы вазыгджын формæтæй (уары, уаргæ кæны, æрбарухс и), фазон æмæ модалон мивдисджытæй 3-аг цæсгомы иууон 71
нымæцы мивдисæджы æбæлвырд формæимæ (фæсæфтуан ьш-имæ) (фæнды зарын, райдайы кусын), мивдисæг уæвын 3-аг цæсгомы æргомон, бæллиццаг æмæ бадзырдон здæхæнты фæрссагмиимæ (дзургæйæ у (нæу), мивдисæг уæвын 3-аг цæсгомы иууон нымæцы уавæр бæрæггæнæг миногонтимæ æмæ фæрсдзырдтимæ: уазал, æнтæф, ихæн, æнкъард, зын (уазал у)9 фæрсдзырд афтæ мивдисджытимæ кæсын æмæ зынын (афтæ кæсы). Æнæцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйæдтæ фæнысан кæнынц: æрдзы фæзындтæ (Æрбарухс), адæймаджы физикон æмæ психикон уавæр (Мæ бон кæсын нæу), истæй (искæй) цухимæ баст уавæр (Нал мын ис кусæн); амад мивдисæгон зæгъинагимæ аргъ фæдæттынц инфинитивæй загъд архайдæн (зонын фæнды). 75-æм фæлтæрæн. Бацамонут æнæцæсгомон хъуыды- йæдтæ. Зæгъут, цавæртæ сты иннæ хъуыдыйæдтæ - иувæрсыг, дывæрсыг. 1. Хъамболатмæ арвитын хъæуы, уый сæ куы нæ æрсабыртæ кæна, уæд мах къуымы бакæндзысты. 2. Уыдо- нимæ дзурын бæргæ æнцон у. 3. Хуыссынæн нырма раджы у. 4. Мæнæн уымæй тас нæу (Б. Е.). 5. Фыдбылызæн бирæ нæ хъæуы. 6. Батыхтæуæд дæ нæ цармы, каконсындз куы ис дæ армы (Н.). 7. Æвиппайды æрбадымдта, хъæд базмæлыд, ныуулæфыд уæйыгау (Б. М.). 8. Цыфæнды зын раны куы уа адæймаг, уæддæр зын у цардæй хицæн кæнын. 9. Мæ бон нал у мæ зæрдæйы уидæгтæ дæуæй аскъуынын (М. Д.). 10. Уазал у зымæг æддæ (Къ.). 11. Рæдыд ныл æруадзынчындæуыд, æмæ йæ а лæппу ныртæккæ сраст кæндзæн (С. Л.). 12. Æгъгъæд у! Æгæр æфсарм дæр хорз нæу (Б. Е.). 13. Ахст цъиуæй зарын ферох вæййы. 14. У хæрз зын рæхыстæ хæссын,/Цъысымы ныммæлын (Н.). 15. Фæлæ хохы цъуппыл æууæнк нæй, фæзæгъынц. 16. Фæлæ ацы мæнгард æмæ фыдзæрдæ, æнæарт, æнæфæнык знаг, йæ зынг ахуысса. Кæд, цы фыдбылызмæ йæм æнхъæлмæ кастæуа, уымæн хæйрæг 72
дæр ницы равзардзæн (Б. М.). 17. Уарзондзинад тæрхъус у, æмæ йæ, æвæццæгæн, сурын хъæуы (Т. А.). 18. Адæймагæн хъуамæ балхæнæн ма уа, мацы хуызы. Никæд! Адæймагæн аргъ нæй! (А. Г.). 19. Бафæллад, мæгуырæг, фæлæ йын æрæнцой кæнæн нæй уæддæр (Н.к.). 20. Адзалæн мадзал нæй, фæлидзæн дзы никæдæм ис (Н.к.). 21. Ахсæв мæнæн ам лæууæн нæй (К. А.). 22. Адæм æддæг-мидæг сысты, æмæ ма хуыздæр кæмæ хъуыстæуа, уый бæрæг нал ис (С. Л.). 23. Салам бамбæрста, цы дзы домдæуыд, уый (Хъ.С). 24. Мæ равзæрды къуыбылойыл фæхæст дæн - æнæ халгæ йын нæй (Ш.). 25. - Размæ! - хъуысы алырдыгæй командирты хъæр. - Размæ! Ракетæты рухс. Миты тьыфылтæ. Минометтæ æмæ сармадзанты гуыр-гуыр (Дз.Т.). 26. Талынг. Сабыр. Æрныллæг арв, æрыхгæдта ком. Уары. Рогвад сæлфынæг. Къæйтыл калы йæ бон (X. Т.). 27. Æфсарм æмæ тас - уыцы дыууæ æнкъарæны мæ дыууæрдыгæй рæхойынц. Æмæ сæ цæмæй тæрсын (А. Г.). 76-æм фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут, цæмæй загъд æрцыд æнæцæсгомон хъуыдыйады сæйраг уæнг: 1. Мивдисæджы æнæцæсгомон формæйæ. 2. Æрдзон фæ- зындтæ æвдисæг мивдисджытæй иууон нымæцы æртык- каг цæсгомы æвæрдæй. 3. Удгоймæгты уавæр æвдисæг мивдисджытæй фсендын, цæуын, æвдæлын æмæ æнд. 4. Иууон нымæцы æртыккаг цæсгомы формæйæ фæрс- сагми кæнæ инфинитивимæ. 5. Мивдисæгæй æбæлвырд формæйы хъæуын-имæ æ. æнд. 1. Азтæ сæдæтæй минуттау згъорынц, бадын Амыраны гæс, ахицæн мын дзы нæй (Б. Е.). 2. Бимболы отряд ууыл ныллæууыди, зæгъгæ, сырхытæн сæ размæ цæуын нæ хъæуы, фæлæ ам æнхъæлмæ кæсын хъæуы (К. А.). 3. Уымæ дзы ныхас ма ’рхауæд, уыцы рынчынæй ма йын ноджыдæр низ мачи саразæд, æндæр Аксайы тæрхонгæнджыты раз дæр æрлæууынчындæуæд (С. Л.). 4. Зæххы куыстæй фæллайæн нæй. Уæлдайдæр ныртæккæ (Б. М.). 5. Мæгуыр 73
лæг загъта: - Бахатыр кæн, ме ’мдзуарджын! Нырма мæ лæппу чысыл у, цæрын ма мæ фæнды (Г. С). Дунейыл æгъдауæй хистæр ницы ис. 7. Хæддзу уазæгæн кад нæй (Æ.). 8. - Гъе, уæ рынтæ бахæрон, афтæ чындæуы. Чи у æнæ мæн уæ хъахъхъæнæг. Искæй мыггагæй æфсымæр нæй. Чи зоны, уыцы æрра та сæхимæ куы уыдаид, уæд уæ нæ ауагътаид. Хъамболатæй зæгъын (Б. Е.). 9. Хур дзæвгар суадис, афтæ йæм рудзынг бахостæуыд: - Дзырдæуы дæм, æмбал хистæр агроном! (Б. Т.). 10. Комы хъæлæсы дæр æмæ комæй рафтæнты дæр цъыфæй азмæлæнтæ нæ уыд (Б. М.). 11. Хæдзары хицау æмæ чындзы æхсæн та, ныхас кæй сæрты нæ хъуысы, ахæм къул ныййамадæуыд. Дур никуы рафтыдæуыд уыцы къулæй (Б. Г). 12. Уый уыди мæ уалдзыгон бонты рæстæджы. Ныр мæ æрæгвæззæджы бонты хъуамæ радзурон уыцы хабар. Хъæуы йæ радзурын. Тынг хъæуы. Стыр зонды скъола у ивгъуыд рæстæг, - фæкæсын- иу хъæуы хаттæй-хатт фæстæмæ (К. А.). НОМХУЫНДОН ИУВÆРСЫГ ХЪУЫДЫЙÆДТÆ Номхуындон иувæрсыг хъуыдыйæдты вæййы иу сæй- раг уæнг, кæцы загъд фæцæуы номдарæй номон хауæны (хатгай номивæгæй) æмæ фæнысан кæны ныхасы предметы уæвынад. Номдарæн вæййы дæлбар дзырдтæ дæр: Бæхы хъуыр- рытт... Къæхты уынæр... Æнæрынцой йæ уасын... Æрæг- вæззæг... Кæугæ изæр... Мæ уды нуæрттæ яасынц (Ц. М.). Номхуындон хъуыдыйæдтæ арæх æмбæлынц аивадон ли- тературæ æмæ публицистикæйы. Цыбыр уæвгæйæ, мидисæй вæййынц хъæздыг. Фæамонынц архайды бынат, афон пред- меты номæй. Сюжеты тагъддæр рæзтæн æххуыс сты. Арæх- дæр загъд фæцæуынц таурæгъон æмæ хъæрон хъæлæсы уагæй. Хицæн кæнынц номхуындон хъуыдыйæдты цалдæр 74
хуызы: уæвынады, бæрæг кæнынц предметы уæвынад, предмет кæй ис, уый: Æрæгвæззæг. Изæрмилтæ. Лыстæг сæлфынæг уары (Ц. М.); амонæн, предметмæ амынд дзы вæййы, хъуыдыйады хуызæджы хай вæййынц амонæн хайыгтæ уæртæ, уалæ, дæлæ: Мæнæ уыгæрдæн; Далæ гъе йæхæдæг нæ дæндагниз, нæ цæстысындз, нæ рын... (П. Г.); разæнгардгæнæт Салам! Хæрзбон! Кæсынцæстытæ! — Спьиртт! - Сослан йæ цæнгтæ фистæг кæнынмæ фæци (Дз.К.); аргьдæттæг, предметы уæвынадимæ фæбæрæг кæнынц æнкьарæнтæ: Уый дын мит!; Мæнæ диссаг... Стыр диссаг! Дзандар! (П. Г.). Номхуындон хъуыдыйæдты хуызыл нымад сты, ныхасы предмет номдарæй загъд кæм фæцæуы, цæмæй йыл хъусæг кæнæ дзурæг ахъуыды кæна, ахæм дзырдтæ: Мæ фыд... Мæ фыд\.. Уый диссаг у, бæгуыдæр... (П. Г). Номхуындон хъуыдыйæдтæ хицæн кæнын хъæуы æнæххæст дывæрсыг хъуыдыйæдтæй, ахæмтæй, хъуыдыйады уæнгтæй æрмæстдæр номдарæй загъд зæгъинаджы къорд кæм вæййы кæнæ сæйрат: - Чермен? - Чермен. Æрмæст нæм ууыл афтæ цин фæкæнынц (П. Г.); - Зæды кьалиу. — Цымæ кæй амонд уа? (М. С); - Чи уыд... Уастырджи? — бафарста фæйнæгфарс. - Езеты дохтыр (М. С). Сидтон хъуыдыйæдтæ сты, æнкъарæны, фæндоны загъдæй вазыгджынгонд чи æрцыдис, ахæм сидæнтæ. Загъд вæййынц сæрмагонд интонацийæ. Уый февдисы фæндон, уайдзæф, маст, домæн, æнæразыдзинад. Цы хъуыды кæнæ æнкъарæн æвæрд вæййы сидтон хъуыдыйады, уый арæх æвдыст æрцæуы авторы ныхæстæй комкоммæ ныхасы, ремаркæтæй, ныхасы уавæрæй: Бестол. Лæппу! Мæнмæ цæуылнæ суадтæ уæд? Чермен. Дада... Бестол. Цы ма?.. Æлдæрттæ. Чермен. Чермен\ Чермен. Чермен дæн æз, Чермен! - Чермен, фæлæуу! Фæлæуут, адæм! Адæм\.. (П. Г.). 75
77-æм фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут номдартæй загъд синтаксисон арæзтыты хуызтæ. 1. Хъуды ком. Иу мæгуыр хæххон хъæу. Иу мæгуыр чысыл хæдзар. Бинонтæ: мад, фыд, дыууæ æнахъом сывæллоны - чызг æмæ лæппу. Цæмæй цардысты? Куыд цардысты? Чи йæ радзурдзæн уый та? (Г. Ц.). 2. Се ’гас хæдзар ссардтой фыд æмæ фырт дзагармæй. Чысыл кæм фæцинтæ кодтаид мад йæ иунæг хъæбулыл (А.). 3. Нарты фыдбылыз Сырдон хинæйдзаг кæм нæ уыд - йæхи хал исæг акодта, йæ худ зыгъуыммæ фæфæлдæхта æмæ хæлтты уым ныппæрста (Н.к.). 4. О, мæнæ диссаг! Диссаг мæнæ! Цæй рæдау разынди хъысмæт. Бæллыдтæн рагæй ацы фендмæ. Дæ мæт мæ бахордта, дæ мæт. Куыд аивтай! (Ц. М.). 5. Сылгоймаг... - Дзыллæйон рæхысы саст цæг, кæд æй бандидздзыстæм? - катайгæнæг æнкъард хъæлæс азæлыди уаты арфы (Б. Ч.). 6. Ихы къуыппытæ, дымгæйы ниуын - сæмтъеры бæстæ. Дугъ, тыхулæфт. Тагъддæр, тагъддæр... Бирæ сæ бæргæ нал хъæуы. Уæлæ Гайто (М. С). 7. Ирон æфсарм! Кæд къорд хатты дæуыл æз сусæг-æргом рацыдтæн мæнгардæй, кæд мисхал дæр нæ бафтыдтон дæ фарныл - уæддæр дæуыл, дæуыл лæууы мæ уд! 8. Поэт! Ныррухс кæн, у-мардзæ, фæндаг! 9. Поэты ныфс! Ныййарæджы хæсау дæ./Фыды ныстуанау рог æмæ уæззау дæ (X. К.). 10. Æллæх, æллæх, мæнæ уæлæуыл дзæнæты дуне (Г. Б.). 11. Лæууы йæ уæлхъус йе ’мгар. Æмгар... Цæй стыр дзырд у уый! Цæй æхсызгон вæййы сыгъдæгзæрдæ æмгары къухы райст! (Хъ.С.) 12. Цæгатаг дымгæ... Уый мигъты фыдбылыз у (Ц. М.). 13. Гъей, адæм! Хъобан! Хур та ныл æркасти! 14. Чермен, фæлæуу! Фæлæуут, адæм! Адæм!.. Фæлæуут æмæ бафидауæм... Загъд цæмæн хъæуы? (П. Г). 78-йæм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут, аивадон уац- мысы цавæр нысанимæ спайда кодтой номхуындон хъуыдыйæдтæй: 1. Цыбырæй, фæлæ бæлвырд нысан кæнынц æрдзы æмæ нæ алыварс царды фæзындтæ. 76
2. Фыст цæуынц удгоймæгты æддаг бакаст равдисынæн. 3. Æххуыс сты, архайд тагъд кæй цæуы, уый равди- сынæн. 4. Зæрдыл æрлæууын кæнынц цыдæр фæлгонц кæнæ æмбарынад. 5. Вæййы сæ цыдæр хатдзæг кæнæ истæмæн аргьгонд фæцæуы. 1. Уæззау 1943 аз. Сæрды кæрон. Хус, æнтæф рæстæг. «Нæ уынджы дæр бæрæгбон райдыдта»; æмæ махмæ бакæсын - зæххыл нал хæцæм! Зæрдæ уæрыккау кафы риуы... Æмæ куыннæ! (Б. М.). 2. Сабитæ. Æнахуыр сусæг дунетæ. Сæ удыхъæд - сыгъдæг бæлоны удау (X. А.). 3. Хæст... Скъола. Ахуыры аз. «Бронь»... Чи æрхъуыды кодта хæстхъом æрыгон нæлгоймæгтæн та уыцы «бронь»? (Дз.Т.). 4. Æндæр бæстæ... Æндæр дуг... Сæрæй нæ хицæн кæны уыцы хъуыды. 5. Фисынмæ хæцджытæ? Æнæзынгæ, гамхудджын знæгты сæрæмбæрзт æртхъирæнтæ æмæ додойтæ? (Б. М.) 6. Уарзондзинад! Бауром æй, кæннод æгас фермæ хурмæ раласдзæн... (Т. А.). 7. Урсзачъе зæронд лæг - Сидтытæ кæндзæн: - Уарзондзинад, Æфсымæрдзинад, Бæлццæтты цæрæнбон... (Т. Е.). 8. - Зæй!!! - фæбогъ кодта лæппу. - Зæй!.. - стæй йæхи уыцы æппæрст акодта фæстæмæ, хъæумæ. 9. Мæнæ æрбахæццæ сты уымæ дæр. Йæ хъæубæстæ. Лæгтæ. Лæппутæ. Сабитæ. Зæрондæй, сылгоймагæй. Се ’ппæт дæр - тыхст. Се ’ппæты цæсгæмттыл дæр уылæнтæ кæны фæдисы тас (Хъ.М.). 10. Ам Хъæвдын чысыл джихæй аззад. Хъазт... Æмдзæгъд... Фæндыры хъæр... Цорæты чызг... Хъусы лыг... Ацы хъуыдытæ æвиппайды сæры магъз ахгæдтой (К. А.). 11. - Мæнæ царциатæ! Æмæ йæ мах ныронг куыннæ зыдтам? - йæ къухтæ сцагъта Гæлæу. 12. Ставдбæрзæйджын гæмæхсæр лæгæн йæ гæлдæр фынгмæ сбыцæу. Зæбул рустæ, æнæнуар былтæ, лопъо сæр, цæстытæ фиуæмбæрзт. Кæфхъуындар... Цымæ йæ цы базонын фæнды? Йæ фарсмæ тæнтъихæг кæстæр. Сау рихитæ цыбыр æлвыд. Халасдзагъд сæрыхъуынтæ фæстæмæ фаст. Нуарджын къухтæ уæрджытыл æвæрд. Къæйных æмæ æгъатыр... кæф. 77
13. Райдайæн. Æнæкæрон райдайæн. Алцыдæр фыццаг хатт. Адæймаджы царды дæр. Дзыллæйы хъысмæты дæр. Æмæ фæлвар, амай, араз (М. С). 79-æм фæлтæрæн. Бацамонут иувæрсыг хъуыды- йæдты хуызтæ: бæлвырдцæсгомон, æбæлвырдцæсгомон, иумæйагцæсгомон, æнæцæсгомон, номхуындон. Бамба- рын кæнут алы иувæрсыг хъуыдыйадæн дæр йæ хицæн- дзинад. 1. Хъуыдытæ! Хъуыдытæ æмæ хъуыдытæ! Сыскъуыйæн сын нал вæййы, сæ азары бахауын, сæ цагъар свæййын. Æмæ уæд боны æрбацъæхмæ кув. Сæрдыгон ма гъа, фæлæ зымæгон... Уыцы æнæкæрон даргъ æхсæвтæ... Кæрон сын нал вæййы (А. Г.). 2. Æнамонд адæмы æхсæн амондджын уæвæн нæй. 3. Зæрдæтæ дæр алыхуызон сты: сывæллоны зæрдæ, зæронд адæймаджы зæрдæ, чындздзон чызджы зæрдæ (Ц. М.). 4. - Кæм сæм хъусæг уыдзæнис æмæ сын аргъ счындæуыдзæн, уæд мæнмæ ис дзуринæгтæ, - загъта Гаппо (М, Д.). 5. Цæуынц адæм. Лæгтæ. Устытæ. Зонгæтæ. Æцæгæлæттæ. 6. Æхсæвы мæйдар. 7. Лыстæг сæлфынæг кæны (Ц. М.). 8. Уымæй хъæбатырдæр, уымæй ныфсджындæр нæ разындзæн Нарты (Н.к.). 9. - Куы нæ уыдаис йе ’фсæддон фæлтау. 10. - Марадз, загъд сæ ракъах, иунæг нæ уыдзынæ. 11. - Æнаккаг сырд! 12. - Æлгъыстаг калм! 13. Мах фæнды дæуæн æххуыс бакæнын. 14. Цы нымæт цæгъдай, - хъуынджындæр. 15. Ацы цардæй мæлæт хуыздæр (Г. С). 16. Мæн цæуын хъæуы рады лæу- уынмæ. 17. - Цæрын кæй фæнды - апырх уæнт фæйнæр- дæм. 18. Хосгæрдæнты æхсæвæддæйыл куы нæ ацæуай кæрдынмæ, сæударæй куы нæ рахизай мусонгæй æмæ та цæвæг куы нæ рацæгъдай, изæрдалынгтæм уис куы нæ фæхæссай, уæд цæй хосгæрдæг дæ! (С. Л.). 19. Нæй рахæссæн фыды зæххæн дзæкъулы (Дж.Ш.). 20. Ардæм, мæнæ æвæджиау ран! (Бр.Е.). 21. Фыццаджы-фыццаг хъуамæ Адæймаг уай. 22. Хъардта ме уæнгты, æмæ ме уæхсчытæ 78
сабыргай раст кодтой, раст кодтой, уымæн æмæ мæ фæндыд Адæймаг уæвын (А. Г.). 23. Адæмы зæрдæмæ чи нæ цæуы, уый ма кæн (Æ.). 24. Дæ цард дæ цæсты куы сыгад уа, уæд- иу æндæр бæстыл азил. 25. Хæлæджы фауд лæджы макуы бакæн. 26. Фæкæс мæм, дæ хорзæхæй. 27. Акæс-ма, дæ хорзæхæй, адæм сæргуыбыр æмæ уæнтæхъилæй баззадысты, худын нал фехъусдзынæ, зарын дæр афтæ (К. А.). 80-æм фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут иувæрсыг хъуыды- йæдты арæзт. 1. Райгуырæн хъæу. Фыды уæзæг. Уарзон хъæубæстæ. Ссардта сæ Темырболат Уæлахизы фæстæ. Æхсæз æмæ дыууиссæдз азы. Йæ зæрдыл сæ хорз дары (А. М.). 2. Махмæ туг цæстысыгæй нæ фехсынц (Дз.К.). 3. Уыцы нæмттæй иу равзарын фæзын, æмæ йыл бахъуыд фыдæбон кæнын (М. Д.). 4. Цъити мæйы рухсмæ куыд рæсугъд вæййы, уый зоныс? Уæвгæ, уымæн ныхæстæй радзурæн нæй (Ц. М.). 5. Фæскуывд. Уæлхæдзар. Бадæм даргъ бандоныл. У аходæнæй фæстæдæр. 6. Нал уыди гæнæн æнæ искуыдæм фæлидзгæ... 7. Райсомæй раджы рараст у. Схиз Сатойæн йæ фæстаг бæрзондмæ. 8. Афтæ йæм кастис, цыма кæддæр федта ацы лæппуйы. 9. Цъыф рæстæг скодта иу заман быдыры. 10. Æрвыстой, цыдысты курæг алы бæстæтæй хъæздыг лæвæрттимæ, лæгъстæ кодтой. 11. - Диссаджы кафæн бон не скодта! Нæдæр æнтæф у, нæдæр уазал. 12. Тынг зын уыди Ларсмæ цæуын (Б. Г.). 13. Мæ фыд, мæ фыд! Уый диссаг у, бæгуыдæр... Мæнæн зæгъын дæр нал æмбæлы ныр - Лæг дæн, фæлæ мæ сонты бонтæй ардæм Фыды рæвдыд куыд никуы федтон æз!.. (П. Г). 14. Кæсы ахуыргæнæг газет æмæ æвиппайды фестади йæ бынатæй, фестади æмæ рауай-бауай кæны, рауай-бауай кæны æмæ дзуры: - Мæнæ диссаг! Мæнæ стыр диссаг! (К. А.). 15. Мæнæ дын æдылы! Йæ хæдзар - афтид. Амарди йæ фыд. 16. Цы сæ хъæуы? Кæрдзын æмæ æнцой. Сымах та сæ хъуыды кæныныл домут. Цы у хъуыды та? Сагъæс æмæ мæт (Дж.Ш.). 79
11 §. КОММУНИКЕМÆТÆ Коммуникемæтæ (хонынц ма сты æнæдихгæнгæ хъуыдыйæдтæ кæнæ дзырдтæ-хъуыдыйæдтæ) сты кæрæ- дзиимæ ныхас кæныны фæрæзтæй. Арæзт вæййынц иугай дзырдтæй, дзырдты къордтæй æмæ сты коммуни- кацийы фæрæз. Пайда сæ кæнынц æрмæстдæр диалоджы, æнæ контекстæй сæ нысан не сбæрæг вæййы. Коммуникемæтæ загъд фæцæуынц хайыгтæй, модалон дзырдтæй, æваст- хъæртæ æмæ дзырдты къордтæй. Уыдон хуымæтæг хъуыдыйæдты хуызæн вæййынц: фидаргæнæн (о, æууæ, æвæццæгæн, ай-гъай, бæгуыдæр, æнæмæнг, афтæ, уæдæ афтæ, хорз, уæдæ, куыннæ, оммен, дæ хорзæхæй, табуафси æ. æнд^), æппæрццæг (нæ, на, нæй, абабау, æмæ-гъа, æгонгæй, тобæ æ. æнд^), фарстон (о, хорз, афтæ, æцæг, нæ, афтæ, и, гъа, уæдæ, ау, цы, ома æ. æнд.,), æнкъарæнджын-аргъдæттæг (ехх, о-оо, æллæх, ой-ой-ой, уæуу, тфу, пау-пау-пау æ. æнд^), разæнгардгæнæн (алæ, стæ, гъæйтт, кыс-кыс, уыст, æсс-æсс æ. æнд^). - Рацу ды дæр мемæ æмæ сæ фен. - Демæ зæгъыс? - О. Мемæ. Уый ахъуыды кодта. - Нæ, - загъта йын. - Сæхæдæг та зындзысты. - Хорз; - Æз æхсæв иунæгæй фæхуыссын, фæлæ никуы фæтæрсын. - Æцæг? - Æмæ ма нырма фынæй кодтай? - Уæдæ... (Г. А.). 81-æм фæлтæрæн. Бацамонут коммуникемæты хуызтæ. 1. Кæс-ма, дада, цы сырх тæппытæ йыл ис! Балты хуызæн, - ныддис кодта Зæринæ. - Æцæг, æцæг! 2. Куыд 80
рæсугъд кæсаг у, - дис кодта лæппу дæр (К. Ш.). 3. Садуллæ. Сæр нæ бахъуыдис, фæсивæд. Хъуамæ ныл цæттæйæ сæмбæлой. Рутен. Æнæмæнг. Æнæмæнг (С. М.). 4. - Сона, мæ зынаргъ, чи райгуыры, уый мæлгæ дæр акæны. - Нæ, нæ! Афтæ ма дзур! - Мамсыры ныхас та фескъуыдта Сона (К. Ш.). 5. Нинæ рацыдис, æмæ йын Нади йæ фæстæ радзырдта: - Нинæ, æрбауай-ма-иу, æмæ аныхас кæнæм. - Хорз, - фæстæмæ ма радзырдта Нинæ (Е. Т.). 6. Сæлимæт. Нæ тæригъæд сымах фæуæд, уд исын нæ куы бауадзат, уæд! Мысост. Оммен! (Т. Д.). 7. Тыхджын зæрондæй дæр тыхджын вæййы, æццæй, Хуынду? - Уæдæ, - сразы Хъази. 8. Тобæ, тобæ! Цæмæн афтæ зæгъыс, Илас, зæронд лæг куы дæ (Б. Б.). 9. Нæй. Ницы мæм дзуры, мæ зæрдæмæ иу рухсы цъыртт никæцæйуал цæуы, æгасæй ныссау, ихы къуыбарæй ныууазалдæр ис (Хъ.Д.). 10. Нæ, а бæсты алы лæг дæр уымæ тырны, йæ номыл хуыздæр æмæ фылдæр истытæ куы баззаид фæстагæттæн, фидæны фæлтæрæн (Дж.Н.). 11. - Кæд дзы кæй дзурынц, уыдон æцæг сты, уæд дзургæйæ нал у. Æндæр исты æрхъуыды хъæуы! - Ома? - Æрæджиау афарста Ислам (Е. Т.). 12. Дуар байгом ис, æмæ официант бахаста стыр тæбæгъы физонæг æмæ йæ фынгыл æрæвæрдта. - Пау,.. пау... пау!.. - сдзырдта Леуан. - Уый хъуыддаг у, уый, æндæр салæттæ-йеддæ ницы сты! (К. А.). 13. - Нæхимæ та куыдтæ стут? - Нæхимæ? Хорз... 14. - Уæдæ сæрибар дæ Æхсарæй. - Æцæг?! Цæмæн? 15. - Нæ, Уый хуры рухс у, рухсыл рыг нæ бады. 16. - Раздæр ссарын хъуыди уыдон ном. - Бæгуыдæр. 17. - Дæ кадджытæй сфидаудзæн нæ газет. - Æцæг? - Æнæмæнг (Дж.Ш.). 82-æм фæлтæрæн. Сæвæрут æрхæцæн нысæнттæ æмæ бацамонут коммуникемæты хуызтæ. 1. Дæ-дæ-дæй Нана - дæ-дæ-дæй. Мæ сæр та фæтоны... (Т. Д.). 2. - Зылд дыууæтæм дæр æмхуызон уыд. Хъуыддаг базилыныл нæу загъта Гоги Уæдæ æвиппайды афарста Ислам. 3. Ислам дæу дæр не ’вдæлы æмæ мæн дæр Цæвиттон 6 Заказ № 53 81
мæ бригадæ знон мæнæу карста Дæлбылы зæххыты æмæ зæгъын аныхас кæнæм нæ дарддæры куысты тыххæй райдыдта дзурын Гоги Табуафси, табуафси! (Е. Т.). 4. Цы дæм рауадис Дохтырмæ фæдзурон нæ нæ хъæуы фенцондæр мын (Дж.Д.). 5. Джанаспи Дудары кæртмæ бацыдис æмæ бахъæр кодта Кæм дæ Дудар Мæнæ Джанаспи мидæмæ рацу (М. Д.). 6. Цомут мидæмæ Хъæндил æмæ нын нæ зæрдæтæ бадзæбæх кæн дæ зарæгæй Нæ Акæ нæ Уæлдай зарджытæ дзы нæй (Дж.Н.). 7. Уазал дын у æви цæмæн ризыс О суазал дæн хидæй æмæ фæлладæй дурты фарсмæ кæй абадтæн уымæй (Б. Б.). 8. Уырызмæг лæппумæ айразмæ ракаст хуыздæр зæрдиагæй йыл бацин кодта. Куыд у Ницы сарæзтай йе ’рмæг иуварс авæрдта редактор æмæ комкоммæ бакаст Солтанбегмæ Цъус цыдæртæ (М. Д.). 10. Салдæттæ ахæстыты ракодтой æмæ Зæлда дæр семæ Бецау Зæлда бецау (Г. С). 11. Æз дæр дæ ницæмæй тæрсын Зарæ фæлæ æз кæдæм цæуон, уырдæм дæуæн цæуæн нæй Цæуылнæ? (Б. Б.). 12. Æмæ нæхимæ цæуæм уæдæ фæрсы сæ (фыдыфыд). Нæ нæма нæма æмдзыхæй загътой сывæллæттæ (С. Л.). 13. Æмæ суг дæр дæхæдæг фæсæттыс афарста Мисурæт Уæдæ йæ рæсугъд былтæ фæцъупп кодта Сæлимæт (Е. Т.). 14. Нæ нæ Бестол! Ныххатыр кæн, фæлæ ды раст нæ дæ (П. Г). 15. Зындзыстут уæдæ Æнæмæнг (Мæрз.С). 16. - Афтæ нæ уыд? - И? - зæгъгæ йæ афарста Хадзымурат. - Афтæ нæ уыд? - зæгъгæ та йын загъта ныхасгæнæг. - О! (Ф. Къ.). 83-æм фæлтæрæн. Рафыссут аивадон текстæй, комму- никемæтæ кæм уа, ахæм скъуыддзæгтæ. 12 §. ÆХХÆСТ ÆМÆ ÆНÆХХÆСТ ХЪУЫДЫЙÆДТÆ Æххæст хъуыдыйад у ахæм, хъуыдыйады мидис бамбарынæн цы хъуыдыйады уæнгтæ хъæуынц, уыдон цухгонд кæцæй нæ цæуынц. 82
Æнæххæст хъуыдыйад хуыйны ахæм, сæйраг кæнæ фæрссаг уæнгтæй искæцы цухгонд кæцæй æрцæуы. Цухгонд уæнг базонæн вæййы контекстæй кæнæ ныхасы уавæрæй. Æнæххæст вæййынц куыд дывæрсыг, афтæ иувæрсыг хъуыдыйæдтæ дæр. Æнæххæст хъуыдыйæдтæ дих кæнынц, цухгонд уæнг куыдæй сбæрæг вæййы, уымæ гæсгæ контекстуалон æмæ ситуативонтыл. Цухгонд уæнг сыхаг хъуыдыйæдты кæнæ вазыгджын хъуыдыйады æххæст хайы фæрцы базонæн куы уа, уæд ахæм хъуыдыйад уыдзæн контекстуалон æнæххæст: Æрлæууыдис йæ куысты Дзынга-Хьуыдæберд (М. Д.). Хорз бадардта фыццаг боны фæдзæхст йсе зæрдыл. Дыккаг, дывæрсыг, хъуыдыйадæй цухгонд æрцыди сæйрат. Дыууæ килограммы пырындз рахæсса, иу килограмм царв кæнæ иу пут дзуллаг ссад, уый зынгæ дæр нæ фæкæндзæн кусджыты хæлцыл (М. Д.). Дыккаг хъуыдыйадæй цухгонд цæуы зæгъинаг. - Гьей!.. Гьей!.. Кæдæм?.. Ард дæ кьонайы бацыд, сафыс дæхи! - схьæр ма йæм кодтой, фæлæ Цола арты хуылфы аныгьуылди (М. Д.). Бæрæггонд хъуыдыйад у бæлвырдцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйад, цухгонд дзы æрцыди зæгъинаг. - Зоныс сæ ды дæр? - бафарста усы. - Зоньш, - æппæлæгау загъта уый (Г. А.). Бæлвырд- цæсгомон иувæрсыг хъуыдыйад у æнæххæст, уымæн æмæ дзы цухгонд у æххæстгæнæн сæ. Ситуативон æнæххæст хъуыдыйад у ахæм, цухгонд уæнг ныхасы уавæрæй базонæн кæм вæййы: - Мысты хуынкъ туманæй æлхæдта. - Абонæй фæстæмæ йæ цæсгом æхсад уыдзæн (М. С). Ацы диалоджы кæй кой кæнынц, уый ном загъд нæ цæуы, уымæн æмæ йæ ныхасгæнджытæ зонынц. Æнæххæст хъуыдыйæдтæ æппæты арæхдæр æмбæлынц диалогон ныхасы. Диалог арæзт вæййы хицæн репликæтæй кæнæ фæрстытæ æмæ дзуаппытæй: - Ныр цæуын афои дæру. 83
- Цы тагъд кæнут (Г. А.); - Кæд æртæ, æртæ цы давы? - Фынг æртæкъахыг Уазæгæн йæ фæллад сафы Зианджынæн - йæ хъыг (Къ.). Эллиптикон хъуыдыйæдтæ сты ахæмтæ, зæгьинаг- мивдисæг цухгонд кæцæй æрцæуы. Уыцы зæгъинаг базонæн вæййы хъуыдыйады мидисæй. Хъуыдыйады вæййы зæгъинагимæ баст фæрссаг уæнгтæ: Баджигул сæм кæнæм, Ды - чызджытæм. æз — лæппутæм (Б. Г.); - Раззаг машинæмæ. æмбал командир, — дзуры йæм сæ иу (X. С). 84-æм фæлтæрæн. Ссарут æнæххæст хъуыдыйæдтæ, сбæрæг сын кæнут сæ хуыз: контекстуалон, ситуативон, эллиптикон. 1. Хъылцыхъо (къахæгау). Исты зæрдæрухс уын саразон, зæгъгæ, мæхи аппæрстон æмæ... Хансйат. Æмæ зæрдæрухс арæзт у? Хъылцыхъо. Иттæг. Асйат. Кæм ис уæдæ? (Хæстæг æм бауад). Хъылцыхъо. Куыройы цур хæрисы бын. Асйат. (йæхиуыл фæхæцыд). Цавæр у? Хъылцыхъо. Лæг. Хансйат. Цæй-ма, хынджылæг ма кæн. Чи у? Хъылцыхъо. Пупæ (Б. Е.). 2. Имирæ. Зæгъ-ма, экзаментæм цы бацæттæ кæнон? Алихан. Булкъ æмæ мыд. Ома, Къостайы æмдзæвгæ. Имирæ. Хими дзы нæ хъæуы? Алихан. Хъæуы грим кæнынæн (X. Г.). 3. Сæ быны хъæдабæйы хуызæн райдзаст нæудзарм. Иуæрдыгæй тыгъд быдыртæ; лæгъз сæрвæттæн сæ хуыз сæрдыгон хур систа, цыма сыл сызгъæрин дон фæтагъд, уыйау (X. С). 4. Астæуыл алыхуызон æндæхтæй быд рон, урс æргъæвæгыл - бур тæлмытæ, домбайы ныв; дзыхы - кубæйаг даргъ сигарет (X. А.). 5. Бæстæ куы нæрыди: Тохмæ! Ура! Фарсыл хъатара Куы дардтай (А. X.). Ацы хуссайраг æнæхъола, æнæууæнк рагвæззæг йæ сонт æмæ тыфтырыкъо митимæ (Б. М). 7. - Фарн уæ хæдзары. 8. Адæм - фæдисмæ, куыдз - къæбицмæ (Æ.). 9. Хæфсæн йæ лæппын - хуры 84
тын (Æ.). 10. Йæ дыстæ арф фæлдæхт, йæ иу къухы - йæ хотыхтæ, иннæйы - цæххы дзæкъул (Ц. М.). 85-æм фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут, цавæр хъуыдыйады уæнгтæ цухгонд æрцыдысты хъуыдыйæдты: сæйрат кæнæ йæ хай; зæгьинаг кæнæ йæ хай; хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ; цалдæр хъуыдыйады уæнджы. 1. - Хæсты уыдтæ? - уыдтæн. ...- Æмæ дзы нæ фæцæф дæ? - иуварс æм æрбакасти Дзыццыл. - Цæф та куыд нæ фæдæн! Цæф - стыр цæф... Бонцау йæ хъуыры ’гънæг суагъта, йæ фæсхъус аныхта. - Стыр... Æмæ дзы цынæ диссаг уыди!.. (X. С). 2. - Бамбæрстай мæ? - Бамбæрстон, - æнæзивæг фестад Габи. - Райсом нæ машинæ хъæудзæн. - Уырдыгæй-иу хъæумæ ацу. Ницыуал куыстаг дзы ис (Б. Гр.). 3. Трактористтæн сæ хурсыгъд цæсгæмттæ - рыгæйдзаг, цыма æрзæткъахæнæй нырма ныр схызтысты. Сæ цæстытæ æрттивынц (Ц. И.). 4. Лейтенант иннæ къух дæр райста - фæззыгон тихалджытæ раст. Сабыр æй кæны... - Ма тæрс, мæ хъаймæты хо, - зæрдæ йын æвæры. - Хойы номæй мæм сдзырдтай, - чызджы къух йæ ризынæй фенцад. - Æфсымæр дæ зæгъын. - Разы!.. Æфсымæр дын мæнæ! - Дæуæн та хо... (Хъ.С). 5. Уæлдайдæр та хъæдæн йæ сабырдзинад! (С Л.). 6. Дуармæ сау-сауид мæйдар (С Р). 7. Бæласы бын бандон; йæ фарсмæ цъæх нæууыл нымæт тыд, æмæ нымæтыл урс куырæты мидæг Хъамболат (К. Г.). 86-æм фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут хъуыдыйæдты хуызтæ: æххæст цыбыр, æххæст даргъ, æнæххæст даргъ. 1. - Бузныг. Лæгдзинад хъуаг, æцæг, вæййæм. Бирæ хæттыты, бирæ хъуыддæгты. 2. - Æмæ уæд куыдтæ цæрут? - фарста Батрадз. - Мæ-гъа! - дзуапп радта лæппу. - Ды та? - баздæхти чызгмæ. - Мæ-гъа... - Дыууæйæ дæр - «мæ-гъатæ»... Сымах карæнæй æз куыд уыдтæн, уый зонут? 85
- Куыд? - фæцырди чызг. - Ноджы тæппуддæр... (Æ. Æ.). 3. Æцæг адæймагæн йæ ныхас лæгæй-лæгмæ йæ бон зæгъын вæййы. Заретæйæн та? - Фæраууил-баууил æй кæны, йæ дæлæвзаг æй фæхæссы. Æмæ уый фæстæ дæхæдæг дæхимæ хыл кæн: мæхиуыл цæмæн ныххæцыдтæн? Заретæ нырма цас кусы æмæ йæ цæсгомы ныхмæ цал æмæ цал хатты рацыд? Мæнæ та тæккæ абон дæр. Заретæмæ æргом ныхас зæгъыны хъару нæ разынд. Æмæ цæуылнæ? Мишайы зæрдæхудты бацæуынæй тарсти? Æмæ Заретæ æвзæрæй цы зæгъы? Цы зынаргъдæр у? Бæхы царм æви адæймаджы зæрдæйы сау нос ныууадзын? (Б. Гр.). 4. Хуыскъ адаг. Йæ сæрмæ - хъæууат. Уæлдæр та - зæппæдзтæ, къæйвæндаг. Мæрдырох сыл бафтыдта кæрдæг (Хъ.Æ.). 5. - Хабæрттæ - бирæ. Абырæг - арæх æмæ нæ тухæнæй марынц. Сымахмæ дæр, дам, цавæрдæр дызæрдыггаг адæм фæзынди. - Куы нæ. бйан бюæгтæ сты. Мæгуыр, кусæг лæгтæ, сабыр (X. Г.). 6. Уæ бынæтты уæ садзгæ ныччынди æви уæнгдзæфтæ фестут?.. Сармадзантæ - хидыхъусмæ! Рæвдз, рæвдз! 7. Сæ фæндтæ - къуыввитт, дон - гуыбыр хæрисы бынты. 8. Аматул та иунæгæй аззад. Йæ сагъæстимæ, йæ мæт, йæ катæйттимæ (Б. М.). 87-æм фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут хъуыдыйæдты хуызтæ (æххæст дывæрсыг, æнæххæст дывæрсыг, æххæст иувæрсыг, æнæххæст иувæрсыг). Хъуыдыйæдтæ равза- рут хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ. 1. Тъæпæнхъæуы хъæугомы цъæх-цъæхид хортæ денджызы уылæнтау фæйлыдта изæры улæфт, æмæ дымгæ боны хъæды сыфтæртау цыдис сæ сусæг сæр-сæр (Б. Б.). 2. Арсы хъуын - йæ лыстæн,/Тинтычъи - йæ баз.../Цæй, хуыссæд! - йæ куыстæн сæфынæй нæу тас (Къ.). 3. Цас у фæззыгон бон? Скаст æмæ ныккаст. 4. Уардзæн, æнæмæнг. Уардзæн! 5. Тынгдæр мæ æрфæндыд йæ таурæгъмæ байхъусын (Б. Т.). 6. - Дæлæмæ дæр дыууæ сывæллоны 86
æмæ уæлæмæ дæр, дæ нывонд фæуон, Хъантемыр (Дж.Д.). 7. Зæрдыл æрбалæууынц сæхимæ, Сывылдзджыны, зæл- дагхуыз дуртулæн къуылдымтæ. Дард уæлхох уыгæрдæнты сæууон æртæхыл бæгьæввад къæхты фæдтæ... куыстмондаг æмæ куыствæллад хосдзауты зарын, цæвджыты иугæндзон æхситт (Б. М.). 8. - Зын у, фæлæ фæразын хъæуы. Адæймаг æнусмæ иу зæрдæ нæ хæссы (Б. Е.). 9. Хæххон уыгæрдæн дидинæгæй фидауы. Сылгоймаг - æфсармæй, цард - уарзондзинадæй (X. Г.). 10. Йæ цæсгомыл зынынц цины нысæнттæ, йæ фезмæлды - лæгдзинад (Дж.Ш.). 11. - Бамбæрстай мæ? - Бамбæрстон, - æнæзивæг фестад Габи (Б. Гр.). 88-æм фæлтæрæн. Зæгьут, цæмæй хицæн кæнынц эллиптикон хъуыдыйæдтæ контекстуалон æмæ ситуати- вонтæй. 1. Адæймаг бæллицæй цæры, фæлæ йæ къухы не ’фты. Цин æмæ амонд иугæйттæм хауынц, иннæтæ - мастæй сæ хъуырмæ (М. С). 2. Зæхх æнкъуысы. Фæркгай хауы уæлдæфмæ. Мæрдтæ. Цæфтæ. Арæхдæр кæнынц (Дз.Т.). 3. Уынгтæ - мидфынæй (X. Я.). 4. Миты рыг - мигъ сысын райдыдта. Фæлмау ма зынд, æмæ дзы лæппу нал иста йæ цæст (Хъ.М.). 5. Мæ рæзты дыууæрдæм кæнынц Цопаны къуыдырон къæхтæ. Хъавгæ цыдæй, æнæ уынæрæй. Къæсæрыл та æрлæууыдысты. Цы ссардта ногæй лæгæты сæрмæ? (Ц. М.). 6. - Ус æмæ лæг, сатæгсау сæ цæсгом. Сæ дарæс бызгъуыр, скъуыдтæ, цъæнуты хæлттæй бæстытæ, мæллæг, сæ цæстытæ арф кæцæйдæр æрттивынц (Г. С). 7. Кæдæм цон? Фæстæмæ æви размæ? Æгомыг къæдзæх, ды - ме ’вдисæн, дæуæн зæгъын мæ ныхас (Б. Е.). 8. Йæ къухы гæххæтт æмæ кърандас. Рæсугъд хуыдæй йыл теуайы хъуынæй цухъхъа, йæ галиу къухы та æвзист лæдзæг (Н.к.). 9. Мæ разæй иу хæрзаив конд сылгоймаг, йæ хъæбысы сывæллон, йæ рахиз къухы та чумæдан, афтæмæй тындзы размæ (Дз.К.). 10. Хъæуы астæу - кæлæддзаг 87
гæнах æмæ æрдæгхæлд мæсыг (Дз.К.). 11. Дадолты хæдзар. Астæуæй къона. Йæ сæрмæ ердо. Къонайы сæрмæ рæхыс. Рæбынæрдыгæй даргъ бандон, фæсте йыл æнцойгæнæн. Иннæрдыгæй бандæттæ, æртæ-цыппар (К. А.). 12. - Исты ма зæгъыс? - афарста Алыксандр. - Ницы!...Нæ, ницыуал зæгъдзæни (Æ. Æ.). 13. Блиндаж... Хæстон - фæлмаст æмæ æгъуыссæг (Ц. А.). 14. - Æрбацæуы!.. Æрбацæуы!.. - Æрбацæуы... Æрмæст урс бырынкъ фæстейы баззади (Ц. М.). 89-æм фæлтæрæн. Бацамонут æнæххæст хъуыдыйæд- ты хуызтæ. 1. -Æз дын ацы фыс кæй нæ ауадздзынæн, уый куы зоныс. «Пъоймай один» йеддæмæ дзы ницы хъæуы!.. Уый уал дын дзæхст дæ былтæн. Уый уал дын дыккаг фыс. Хæц ыл ноджыдæр. Уый дын æртыккаг фыс!!! - Æллæх! Амардта мæ! - ныхъхъæр кодта лæппу (Б. Б.). 2. Адæймаг бæллицæй цæры, фæлæ йæ къухы не ’фты. Цин æмæ амонд иугæйттæм хауынц, иннæтæ - мастæй сæ хъуырмæ (М. С). 3. Цастæ загътаиккой кæрæдзийæн - сæ цуры хосдзаутæ, сæ уæлхъус дондзаутæ. 4. - Скъæфгæ?! - фæзынд йæ сæры. - Кæд мын æй ныббарид Хъуыдинæ. 5. Æрзылдысты симды фæзилæнты. Иу хатт, дыккаг. 6. Тасолтаны кæрты судзаггаг зиан. Йæ ныгæнæн - райсом. - Иунæг курдиат æрмæст, - сдзырдта зæххы бынæй дзурæгау Хуысинæ. 7. Хуысинæйы цæсгомыл рухсы цъыртт фæзынд, феййафы йæ зынаргъы... О, о, феййафы (Хъ.С). 8. - Къæдзæх! Фæстæмæ! - æваст цъæхахст фæкодта Темсыр (Дз.К.). 9. - Дæлæ Æхсæрджыны хъæуæй дæр рараст сты. 10. - Бадгæ скæнут, æмæ нæ ныхас бабæттæм (Хъ.С). 11.- Нал мæ уадзы цæрын. Иу бон нæ цух кæны. Хæц, дам, пысылмон диныл æмæ дзæнæты бацæуай (К.А.). 89-æм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут, иувæрсыг æмæ æнæххæст хъуыдыйæдтæ кæрæдзийæ цæмæй хицæн кæнынц. 88
1. - Æз мæ лæппуйыл цы ном сæвæрдзынæн, уый зонут? - Цы? - Алымæт. Тынг рæсугъд ном мæм кæсы. 2. Иу усæн та йæ дзыккутæй бындзыг атындæуыд, æмæ йæ ныр йæ къухы тымбылæй дардта. 3. Хур къæдзæхты аууон фæци, афтæ сын стыр зынæй бантысти Биганоны уатмæ бацæуын. 4. - Æрбадут уæртæ бандоныл, уæ хорзæхæй! - рæвдаугæ хъæлæсæй загъта Биганон. 5. - Куыд æвзæр сты адæм, куыд! Куыд хæлæг сты! Кæрæдзи куыд нæ уарзынц! Ахæм хинтæ араз дæ сыхæгтæн? (К. А.), 6. Дæ рынтæ дын бахæрон, зонæм, зонæм, цытæ хъæуы, уыдон иууылдæр... Мæнæ фæйнæ дыууадæс сомы... 7. - Афтæ, мæ хуртæ, афтæ, - загъта Биганон. 8. - Нæй уый гæнæн. Дзаума мæ разы куы нæ уа, уæд фарстæн нæй рæстмæ ацæуæн. 9. Дзидза хæрын хъæудзæн æдзæххæй, æнæ кæрдзынæй. 10. Фыццаг тызмæг ныхас æмæ бустæй фылдæр цы хъуыстис ацы хæдзары! Ныр æдзух сабыр ныхас, рæвдауæн ныхас (К. А.). 11. Уыд уалдзæг... Райсом... 12. Бæмбæг у йе ’взаг, сындз та - йæ зæрдæ (Н.). 13. Хос дзы аразы паддзахад, гукк! Стæй хуымæтæджы дæр нæ, фæлæ æвдадзы хос! Æмæ йыл калы æхца (Б. А.). 14. - Цы бакодтай!!! Ахæм амонд мæн нæ хъæуы, - зæгъы чызг. - Акæн мæ фæстæмæ. 13. Æдде, хъæуы хистæрты цур афтæтæ гæнæн нæй. 14. Æрталынг. Фырттæ зынæг дæр нæма ис. Зæронды сæр иу цасдæр хъуыдыты бацис. 15. - Мæ чызг уый зыдта?! - О (Хъ.С). 13 §. ХЪУЫДЫЙАДЫ ÆМХУЫЗОН УÆНГТÆ Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ сты ахæмтæ, уыцы иу фарстæн дзуапп чи дæтты æмæ хъуыдыйады уыцы иу дзырды дæлбар чи у. Æмхуызон вæййынц куыд сæйраг, афтæ фæрссаг уæнгтæ дæр. Уыдон загъд фæцæуынц иу ныхасы хайæ: номдартæй, миногонтæй, нымæцонтæй æ.а.д. Стæм хатт æмхуызон рæнхъ фæаразынц алыхуызон ныхасы хæйттæ: Докладгæнæг дзырдта бæлвырд, цыбырæй, хуымæтæг æвзагæй. 89
Æмхуызон уæнгтæ кæрæдзиимæ баст вæййынц хъуы- дыйæ, грамматикон фæрæзтæй æмæ интонацийæ. Æмхуызон уæнгтæй загъд æмбарынæдтæ хъуамæ уой иумыггагон предметтæ, æууæлтæ, архæйдтытæ æ.æнд. Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ баст фæцæуынц кæнæ æрмæстдæр интонацийæ, кæнæ бабæтгæ бастдзинады бæттæгтæ æмæ интонацийæ. Интонаци вæййы ранымады, ныхмæвæрды æмæ дихон. Бабæтгæ бастдзинады бæттæгтæ сты: иугæнæг (æмæ, стæй, дæр-дæр, нæ-нæ, нал-нал, налдæр-налдæр, нæдæр- нæдæр, уæд-уæд, кæм-кæм, ма-ма æ. æнд.,); ныхмæвæрды (фæлæ, та, науæд, æндæр (æндæра), уæддæр, кæннод, уыййеддæмæ æ. æнд^); дихон (кæнæ, æви, йе, йе-йе, куы-куы, кæнæ, кæнæ-кæнæ, фæнды-фæнды æ. æнд.у); бафтаугæ (æмæ, дæр, стæй æ. æнд.,); æрæмныхады (нæ-фæлæ, æрмæст... нæ - фæлæ... дæр, канд... нæ-фæлæ... дæр æ. æнд.,). Бæттæг фæлхат фæцæуы алы æмхуызон уæнгимæ кæнæ сæ иуæй-иутимæ, фæиу кæны æмхуызон уæнгты къæйттæ. Иу хъуыдыйады уæвæн ис æмхуызон уæнгты цалдæр рæнхъæн. Æмхуызон уæнгтæ фæаразынц синонимон рæнхъ кæнæ се ’хсæн вæййы ныхмæвæрды ахастытæ - вæййынц антонимтæ: Хæйрæг фестай йе зæд. уæддæр дын нал ис ирвæзæн мæ къухтæй\ (Дж.Ш.). Æмхуызон уæнгты ’хсæн сæвзæры тыхджынгæнæн ахастытæ, кæцыдæр сæ хъуыдыйады свæййы вазыгджындæр. Афтæ рауайы фæлхатгæнгæ иугæнæг бæттæгтимæ. Æмхуы- зон уæнгтæй ма иу вазыгджындæр вæййы æрæмныхады бæттæджы фæрцы. Бафтаугæ бæттæг та æмхуызон уæнгты рæнхъ баххæст кæны ног уæнгæй. Дихон бæттæгтимæ æмхуызон уæнгтæ фæбæрæг кæнынц, фæзындтæ, архæйд- тыты радыгай ивд, сæ иуæн кæй ис бынат, уый. Æмхуызон уæнгтыл нæй банымайæн дзырдты фæлхат, фразеологион иуæгты хæйттæ, дыууæ мивдисæджы иу 90
зæгъинаджы функцийы: Цæугæ æмæ базон, ахæм æнахуыр зæрдæхалæн маст чи кæны (Æ. Ц.). ÆМХУЫЗОН ÆМÆ АЛЫХУЫЗОН БÆРÆГГÆНÆНТÆ Æмхуызон бæрæггæнæнтæ хуыйнынц ахæмтæ, бæрæггæнинаг предметæн уыцы иу миниуæг (хуыз, ас, хъæд, формæ æ.а.д.) чи бæрæг кæны. Алыхуызон бæрæг- гæнæнтæ та предметæн йæ алыхуызон миниуджытæ фæамонынц. Алыхуызон бæрæггæнæнты рæнхъ фæныв кæны адæймаджы æддаг бакаст æмæ дзы пайда кæнынц æмхуызон уæнгты функцийы: Нæй дзы зæрдæрынцой сывæллон, нæй дзы гуырвидауи, æфсæрмдзаст рæсугъд ус (Б. Г.). Алыхуызон бæрæггæнæнтæ бæрæггæнинаг дзырдимæ фæаразынц акцентуалон къорд (вæййынц иу цавды бын): Скодта стыр райдзаст хур бон (Б. Г.); Надя ныппыррыкк ласта, йæ урс-урсид гыгшыл æнгом дæндæгтæ дондзаст ферттывтой (Г. Б.). Æмхуызон бæрæггæнæнтæй алкæуыл дæр фæхауы хицæн цавд, æрмæст фæстаг бæрæггæнæн бæрæггæнинаг дзырдимæ фæаразы акцентуалон къорд: Келойты Азæмæт æрхаста рæсугъд, бæллиццаг Мисурæты (Б. Г.). Бæрæггæнинаг дзырды фæстæ æвæрд бæрæггæнæнтæ вæййынц æмхуызон, стæй иртæстгонд фæцæуынц: Фæлæ диссаг, мæнæ йæм цы дзæбæх лæппу фæкасти, хъæлдзæг, зæрдæхæлар, уарзæгой (Б. Г.). Æмхуызон бæрæггæнæнты ’хсæн сæвæрæн вæййы бæттæг æмæ: Куы амæлон, æмæ, ус куы ракурай, уæд-иу иъæхдзаст, бурхил ус ма ракур (Æ. Ц.); Нарæгастæу, гуырвидауи, уæздан æмæ хæдзонд чындзыл Æлдарыхъæу сæ цæст æрæвæрдтой (Хъ.А.). 91
ИУГÆНÆГ ДЗЫРДТÆ ХЪУЫДЫЙАДЫ ÆМХУЫЗОН УÆНГТИМÆ Иугæнæг дзырдтæ сты, æмхуызон уæнгтимæ иу синтаксисон функци чи феххæст кæны, фæлæ йæ хъуыдымæ гæсгæ уыдонæй уæрæхдæр чи вæййы æмæ сын иумæйаг номæн чи фæбæззы, ахæмтæ. Иугæнæг дзырды бынаты вæййынц дзырдтæ, дзырдбæстытæ, хатгай - хъуыдыйæдтæ. Æппæты арæхдæр иугæнæг дзырдтæ вæййынц ном- дартæ, номивджытæ, фæрсдзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ: Цыдæриддæр дзы ссарат зынаргь хæзнайæ — дзаума уа. бæх уа - /Æрмæст, зæгъы, уæ зæрдæтæм фæцæуæд,/Æндæр фæуæд уæ сæрвæлтау (П. Г.); Искæй зæрдæ фæриссын кæнын. искæй масты баппарын. искæй зиантæм кæсын - уыдон уыдысты йе стырдæр æхсызгондзинад зæххон царды (С. У); Æрæвæрдта уазджыты раз алиы æппæт: карз арахъхъ. шфизонæг. уæливыхтæ (Б. Г.). Дзырдбæстытæ: миногон номдаримæ, номивæг номдаримæ, нымæцон номдаримæ: Пъолтæй. рудзгуытæй - алы ранæй дæр хъæды сыстытæ бырыдысты (Б. Т.); Æрцагуырдтой дыууæ адæймаджы — Мисурæт æмæ Хæсмæт - кæрæдзи зæрдæйæ (Б. Г.). Мивдисджытæ: Нæхи куы хъæудзæн уыдон раны кусын - /Хуым кæнын. рувын. хос кæрдын. æрмгуыст. фыййау иæуын (П. Г.). Иугæнæг дзырдты фæстæ арæх фæлæууынц дзырдтæ зæгъæм, куыд, сæ разæй та - дзырдбæстытæ иу дзырдæй, иу ныхасæй: Студенттæй бирæтæ. зæгъæм: Алан. Зауыр. Сослан æ. инн. - ацыдысты ахуыр кæнынмæ Англимæ. Лæвæрдта сын алиы дæр æнæвгъау: хъæбæр хорæй. хъуыдалыйæ. сысджы зæгъай. иъата — иу ныхасæй. алы хæринагæй дæр æфсæст æййæфтой (Æ. Ц.). Æмхуызон уæнгты рæнхъы хауæны кæрон арæх вæййы фæстаг дзырдæн, иннæ дзырд та вæййы номон хауæны: 92
Æз æй алы хъуыддагыл. алы хин. алы кæлæныл сахуыр кæндзынæн (Æ. Ц.); Арс. бирæгъ æмæ рувасы аргъау. 90-æм фæлтæрæн. Бацамонут, цавæр хъуыдыйады уæнгтæ сты æмхуызон æмæ цæй руаджы баст цæуынц кæрæдзиимæ. 1. - Æнхъæлдæн, саудзагъд æмæ къуыпных лæппу уым нæ уыди! 2. - Сауæй, урсæй, къуыпныхæй, дзыхъныхæй - иууылдæр уым уыдысты Нарты фæсивæд, фæлæ мæм дзы хъыпп-сыпп ничи суæндыд, - загъта лæппу. 3. Хæлцæй дæр æмæ дарæсæй дæр схъуаг сты Нарт æмæ сфæнд кодтой фæстæмæ раздæхын (Н.к.). 4. Къоста хъæлдзæг кадджытæ бирæ уарзта, хонгæ кафты мидæг-иу æдзухдæр фæндырдзæгъдæгæн заргæ кодта, æмæ-иу æм ахуыргæнæгæй зæгъай, ахуыргæнинæгтæй зæгъай, чызгæй уæд, лæппуйæ фæйнæрдыгæй хъусгæйæ аззадысты (X. Наф.). 5. Æрмæст æз æмæ Дзабо уыдыстæм быдыры (Г.). 6. Æз йе сгуыхтытыл, йе стыр нæргæ кадыл мæ цард, мæ хъысмæт уый тыххæй куы сбастон! (Ш.). 7. - Мæ фыд мæрдты сызгъæрин талатæ суадзæд, мулк мын нæ ныууагъта. Чи зоны, фыдæлты æмбисонд мыл фæлварынмæ хъавыд: хорзæн бын ма ныууадз, æвзæрæн бын ма скæ. Уый хыгъд мæ схорзæхджын кодта домбайы зæрдæйæ, арсы къабæзтæй æмæ ирон æфсармæй. Уæдæ кæм равдисон мæ тых, мæ хъару, кæм рауадзон мæ чъиу хид, мæ фæтæн уыгæрдæнты æви мæ дæргъытæ хуымты? (Хъ.А.). - Нæ, бабайы лæппу, ай бодзæн кæрц нæу. Кæнæ цæргæ, кæнæ мæлгæ. Донæн йæ æрфыты алæгæрдын хъæуы, - арф ныуулæфы къæдзæхы йас лæг æмæ даргъ балцы фæндагмæ йæхи рæвдз кæнын байдыдта (Хъ.А.). 8. Дуканигæсæй мæ гал - æгæвдæс. Æмбæхст, æдзæстуарзон лæг у. Тæппуд æмæ кæрæф. 9. Ацы бæрзондæй фæфæлгæсы Къола дæр хæхтæ æмæ арвыл, хъæд æмæ комыл (М. С). 10. Æхца нæ, фæлæ ма дын инæлар дæр исты лæвар ракæндзæн (Б. Т.). 93
91-æм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут, бæттæгтæ хицæн хъуыдыйæдтæ бæттынц æви хъуыдыйады уæнгтæ. Хуымæтæг хъуыдыйæдтæн сбæрæг кæнут сæ хуыз. 1. Мæ зæрдæ нæу хъæлдзæг, нæ фæлмæст./Ызнæт хъуыдытæ асурынц кæрæдзи.../Мæ царды фæдыл ахастон мæ цæст - хæххон фæндагау ацыди къæдз-мæдзы... (X. К.). 2. - Ис иу ахæм низ, æмæ дзы лæг куы цъæх вæййы, куы - сырх, куы та - урс. Ахæм рынчынтæ мæймæ фæниуынц (Т. А.). 3. Чысыл фæстæдæр уынгæй æрбайхъуысти топпы гæрæхтæ, стæй пулеметы къæр-къæр, сармадзанты гæрæхтæ (М. Д.). 4. Кæддæры хъæлдзæг Абе худын, хъазæн ныхас нал сфæрæзта (Ц. М.). 5. Ацы ран зæронд лæг йæ дзурынæй фæхъус ис цасдæр. Арф ныуулæфыди, стæй та райдыдта йæ таурæгъ кæнын (Б. Т.). 6. - Æз зонын аргъ мæхицæн... Фæлæ мавр Сæрбæрзондæй мæ минæвæрттæм ракаст,/Цыдæр фæлывд, æфсæддон мæнг дзырдтæй,/Æнæсæрфат, æдылы таурæгътæй йæхи фæрасай-басай кодта... (Ш.). 7. Цин æмæ маст, уазал æмæ стонг, къуыхцытæ æмæ æнтыстытæ цы адæмтимæ дих кодта æмбисыл, уыдон æнгом каубыдау лæууынц, йæ фæндаджы райдайæнæй абонмæ, æмæ сын комкоммæ æнæкъæмдзæстыгæй кæсы сæ рухс цæсгæмттæм (А. И.). 8. - Дæ цæст æм дар æмæ йæ хъазынмæ макуыдæм ауадз. Кæннод фæкæлын дæр здны æмæ йæхи ныццæвдзæн, кæнæ йæ исчи асхойдзæн - сывæллæттæ фыдуаг сты. 9. Лæппуйы фæндыдис ауайын, йе ’мгæрттимæ ахъазын, бæлæстæм хилын, къæдзæхтыл бырын, хи найын. 10. Хур æй никуы басыгъта, йæ фындзы туг никуы рацыд, йæ къахы сындз никуы бауад. Йæ буарыл иунæг нос дæр нæма уыд, афтæмæй лæппуйыл рацыд ссæдз азы (М. Д.). 11. Радио куыд загъта, афтæ бакæндзынæн æз дæр, кæддæра цы уаид... (Дз.К.). 12. Дыууæ Ирæн иу зæрдæ ис, æмæ дзы иу æнкъарæнтæ абухынц цины дæр, масты дæр, фыдохы дæр. Иу æнтыстытæ, иу бæллицтæ сыл садзынц базыртæ, иу сагъæстæ æмæ мæт сæ хæры (Ц. X.). 13. Кæд, мыййаг, зылын æз уый ныхæстæй разынон, уæд-иу мын, æрмæст цы ’ууæнк, 94
цы кад, цы бынат радтат канд уыдон нæ, фæлæ уæ раст тæрхон мæ цард дæр айсæд (Ш.). 92-æм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут, хъуыдыйады цавæр уæнгтæ сты æмхуызон. Бацамонут æмхуызон уæнгты морфологион арæзт. 1. Мыггаджы уа, хъæубæсты йе хæдзары, æгъдауджын хистæр цалынмæ дзы уа,/Йæ кæстæрты ’хсæн цалынмæ йын кад уа,/Уæдмæ сæ хъуыддаг арæзт у (П. Г.). 2. Саубон- изæрмæ æртæ æфсымæрæй куы иу бабады рындзыл, куы иннæ (Н.к.). 3. Чысыл фæстæдæр йæ фæдыл раласта, хæр- хæрæй, дзыгъал-мыгъулгæнгæ, Госкайы стыр æрхуы тас (М. Д.). 4. Лæг лæг куы уа, хæларзæрдæ, цæстуарзон, рæстылдзæуаг, уæд уымæн ратт æгъдау (П. Г). 5. Фæлæ никуы æмæ ницы: нæдæр рухс зыны, нæдæр уынæр цæуы (Дз.К.). 6. Уыцы къæрццытæгæнаг уазалы цас фæцыд бæхыл, басыд, бафæллад æмæ иу чысыл йæ фæллад суадзид, уый та пъæззыйау ныффæтæн æмæ йын банцайыны хъомыс нал ис (М. Д.). 7. О, ныййарæджы зæрдæ... Цæйбæрцытæн фæразыс хъыгæй дæр, цинæй дæр!.. (Б. М.). 8. Иуимæ аныхас кодта, иннæимæ дæр цыдæр сдзырдта, алæууыди иу чысыл, стæй адæмы æхсæн фæаууон ис æмæ сындæг ацыди хъазæн фæзæй (К. А.). 9. Адæймаг цардмæ кæугæйæ рацæуы, мæлгæ та хъуамæ заргæйæ акæна (Хъ.А.). 10. Хæринаджы кæлдтытæ ныхъхъæбæр сты стъолæмбæрзæныл æмæ кæм бур дардтой, кæм саубын (К. А.). 11. Цард йæхæдæг дæр хæххон фæндаджы хуызæн у: куы фатау растæй тæхы размæ, куы, тыхулæфтгæнгæйæ, къæдзæхтыл хæрдмæ хилы, куы та сæрбихъуырæйттæй уырдыгмæ, коммæ, стулы (Дз.К.). 12. Фылдæр хæттыты йæхимæ дæр афтæ фæкæсы: йæ къæхтæ нæ, фæлæ йæ йæ хъуыдытæ хæссынц. Фæндыг саухъæды, тар кæмтты иунæгæй цуан кæна, фæнды Æрæфы цур рæгъаугæс уа - рæсугъд цардыл æхсызгон хъуыдытæ кæнынæй никуы фæллайы хъомгæс (Б. Т.). 95
93-æм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут, цавæр фæрæзты руаджы баст æрцыдысты хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ (бæттæгтæй, интонацийæ). Сæйрат æмæ зæгъи- наджы бын бахахх кæнут. 1. Кæмдæрты æнæсæронæй, æдыхæй, æцæгæлонæй мæ уалдзæг æрвыстон фыдбонтæй (Къ.). 2. Алцæмæй дæр æм гæбаз æрхаудзæн: зæххæй дæр, хосгæрстæй дæр... (М. С). 3. Фидæнмæ цæуынц чи ныфсхаст къахдзæфæй, чи æфхæрд æмæ мастæй хъæдгом зæрдæимæ (X. А.). 4. Гъе уыцы мæгуыр æмæ тыхстæй бауарзта Лубæйы. Нал хицæн кæны йæ зæрдæйæ æхсæв дæр æмæ бон дæр, кусгæйæ дæр æмæ æнцад бадгæйæ дæр, байдзаг ын кодта йæ зæрдæ уарзондзинады мæт æмæ сагъæсæй, ныфс æмæ дызæрдыгдзинадæй (М. Д.). 5. Ахбердмæ афтæ кæсы, цыма тыргъы нæ, фæлæ зæппадзы фæцæуы (Ц. И.). 6. Хуымæтæджы нæ, фæлæ схъæл ныхасæй, уæлæуæзтæй (С. Л.). 7. Цыд куыйты рæйын, уасджыты уасын æмæ уæрдоны гыбар-гуыбур (Æ. Дз.). 8. Тасолтаны саулохаг йæ сæр систа, йæ мидбынат æнæнцой змæлд бакодта, йæ къахæй зæхх ныххоста æмæ ныууасыди. Йæ барæг фестъæлфыд, райста идон, сбадтис ыл, араст сæ бйæуы ’рдæм æмæ уайтагъд баййæфта цæуджыты. 9. Куы куыйты рæйын, куы цæйдæр уынæртæ мæ хъустыл уадысты (Æ. Дз.). 10. Радта йæ, стæй та цæхæрадоны ’рдæм йæхи айста: Аврамæн ацæуын æнхъæл нæма уыд (С. Л.). 11. Сæйы Тотрадз, йе цæргæ нæ кæны, йе мæлгæ нæ кæны, йе хæдзары куыстæн нæу, йе службæйы бацæуынæн нæу (К. А.). 12. Æрæмпылд, ныддаргъ и, ныххæррæгъ и, мард, Æрхæстæг и цъæхæн йæ адзал. 13. Ыскарз и, ыстугмондаг зæрдæ (Дж.Ш.). 14. Уарзондзинад æнахуыр цыдæр у. Адæймаджы цъыфы дæр тулы, уæларв стъалытæм дæр æй хæстæг кæны (Б. Е.). 15. Сæрд хурæй, къæвдайæ æз арф кæмтты хастон мæ уæнгтыл уæрдæхбастæй суджы куырис. Кæм тулгæ, кæм хаугæ, мæ бызгъуыртæй бастон, æмбæхстон мæ цæфтæ, мæ зынтæ, мæ рис (X. Я.). 16. Нæртон лæгау дæ фыды зæххыл 96
амæл,/Уæддæр дзы знагæн ма ауадз рыг дæр (Дж.Ш.). 17. Тулынц уæрдæттæ, тулынц æмæ тулынц. Бонивайæнты æмæ сихорафон, изæрдалынгты æмæ æмбисæхсæв (М. С). 18. Дæ бæх дæр йæ фæллад суадзид, дæхæдæг дæр баулæфис, стæй райсом афæндараст уаис (К. А.). 94-æм фæлтæрæн. Æрхъуыды кæнут ахæм хъуыды- йæдтæ, лæвæрд бæттæгтæ æмхуызон уæнгтæ кæм бæттой, æмæ сæ ныффыссут. Нæ - нæ, æрмæст... нæ - фæлæ... дæр, стæй, кæнæ, йе, куы - куы, æви, дæр - дæр, фæлæ, уæддæр, кæм - кæм, фæнды - фæнды, уыййеддæмæ, науæд. 95-æм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут æрхæцæн ны- сæнтты æвæрд. Бацамонут, цавæр хъуыдыйады уæнгтæ сты æмхуызон. 1. Рæхыс æмæ сæгдзыд аг дæр сæ фарсмæ бынат ссардтой. Къæрта, хъуырауы гом дзых, суджы лыггæгтæ, сæнары тымбылæгтæ - алцæуыл дæр фæхæст уыдзæн адæймаджы цæст (М. С). 2. Фæлурсцъæх арвы æрттывтой пыхцыл сырхбын уæргъуынтау мигъы тъыфылтæ (Дз.Т.). 3. Фыццæгæм декабрьмæ нæ, фæлæ уымæй мæй раздæр, фыццæгæм ноябры, бригад сæххæст кодта йæ хæслæвæрдтæ («Р.»). 4. Цырæгътæн иу у сæ тæпп, се ’взæгты ракæ-бакæ, пиллон æмæ зынгхуыст. Къæртайæ стыр къусы дзаг дон рауагъта, къухæй, бæрзæйæ, цæсгомæй йæхимæ базылд, уис райста, фос аскъæрдта (М. С). 5. Йæ хид асæрфта, йæ мидбынат æрзылдис æмæ йæхи мидæг сагъæс кодта кæмтты арæзтыл, цъититы æвæрдыл, дæтты гуырæнтыл æмæ сау цæуæнтыл (Б. Б.). 6. Хæстæй куы иу хæдзармæ ссæуы сау гæххæтт, куы иннæмæ... Бæлццон фæхъус, стæй æрæджиау афтæ зæгъы: «Æвæдза уынгтæ куыд æнæуынæр сты» (Æ. Дз.). 7. Уарзта йын йæ бæлæсты сыр- сыр, йæ дæтты сыбар-сыбур, йæ мæргъты зарын. Бирæ дзы фæхаттис, фæлæ йын йæ уындæй никуы бафсæст. Уый - 7 Заказ № 53 97
адæмы мастисæг - иунæг уыд, фæллад æмæ æфхæрд. Уыдон - тыхгæнджытæ - цалдæрæй, гæрзифтонг æмæ цардхуыз (Б. Т.). 8. Ныронг райсомæй дæр, изæрæй дæр æмбæлдысты ныхасы (М. Д.). 9. Нæ йын хуыссæн уыдис, нæ - æрбадæн, афтæмæй йыл, салд къæдзæхыл æнцойгæнгæйæ, сбон ис (Н. Г.). 10. Ды дæ цæгатаг, къленц, фæлæ уæнгмард!/Дæу ардæм, басæтт ыл, æрхуыдта/Дæ хъомылгæнæг, науæд та дæ мад? (Р.). 11. Хур уа, къæвда уа, æхсæв æви бон сæ хæдзар дæр æмæ сæ хуыссæнгарз дæр - нымæт уæйлаг æмæ бинаг нымæт. Арф мит бамбæрзта хæхтæ æмæ кæмттæ, къуылдымтæ æмæ адгуытæ (Дз.К.). 13. Зæронд тымбыл фынджы раз, ирон ныллæг бандоныл, бады ацæргæ лæг æмæ хæры æхсыры сæндæг. 14. Йæ ус, саулагъз, къæсхуыр, фæлæ фидар сылгоймаг, фæсдуар æхсы йæ дзаумæттæ (М. Д.). 15. Ханиффæйыл фынддæс азы куы ацыдис, уæд æгас Кæсæджы нæ, фæлæ дарддæр бæстæты дæр дзурын байдыдтой йæ рæсугъддзинады тыххæй (К. А.). 16. Арф уынгæг кæмтты та æнæрцæф, тæлтæг дæттæ уадысты, хъæр æмæ загъдзаманагæнгæ (Хъ.М.). 95-æм фæлтæрæн. Ссарут хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ. Зæгъут, цавæр ныхасы хæйттæй загъд æрцы- дысты. 1. Хынцæгæй Дæргъæвсгоммæ ивазы йæхи маствæндаг. Уый, æнæмæнг, афтæ у (М. С). 2. Сосо къæлæт бандоныл бæхбадт æркодта, рæстæгæй-рæстæгмæ адауы йæ сау зачъе, аздухы куы иу рихи, куы иннæ. Кæрдзын дардта йæ галиу къухы, рахиз къухæй та дзы-иу стыдта гæбаз æмæ-иу æй æрдæгæууылдæй аныхъуырдта (К. А.). 3. Хорз чызг хъуамæ фæстæмæ ма дзура, æфсæрмы хъуамæ кæна йæ хистæртæй, нæлгоймæгтæй се ’ппæтæй дæр. 4. Бедтойы ус, Багиан, арæх хурмæ ракалдта йæ дарæс: зæрдиаг даритæ, алыхуызон зынаргъ кæлмæрзæнтæ, морæтæ, тинтычъи басылыхътæ, сæ алыварс-иу разил-базил кодта æмæ-иу хъæлдзæг зарджытæй йæхи ирхæфста Хазианы цæстмæ (Хъ.С). 5. Мæ цард 98
нæдæр хуыздæрæй æвдисинаг у, нæдæр фыддæрæй (Æ. Æ.). 6. Дунейыл æм адæм, цард æмæ цæрын нырæй хуыздæр никæд ма кастысты (А. Г.). 7. Йæ зонды æрмынæг маст дæр, сæрибармæ бæллын дæр, æнæуынондзинад дæр, цард дæр (Ф. Къ.). 8. Уыцы гуырвидауц æмæ хæрзконд уыдысты, цыма сæ исчи æвзаргæ ракодта, науæд сæ джиппы рауагъта. 9. Чысыл дуртæ нæ, фæлæ агуры стыр дур. 10. Фаризæтмæ нæдæр уæле ныббырæн ис, нæдæр фæрсырдыгæй æрбацæуæн (П). 96-æм фæлтæрæн. Хъуыдыйæдты ссарут иугæнæг дзырдтæ æмæ зæгъут, цавæр ныхасы хæйттæ сты. 1. Чысыл, цыбыр лæг, стыр, гуыбыр фындз, арф цъæх цæстытæ, фæлдæхт хъуынджын æрфгуытæ, сау цыргъ уадултæ, хъуынджын рихитæ - иу дзырдæй, хæйрæджы цæстæнгас лæвæрдта (Г. С). 2. Алцы дæр афтæ райдайы, æвæццæгæн, фыццаг хаттæй: уарзондзинад, æнæуынондзинад, мæнгарддзинад, фыдæх, зæрдæхудт (X. 3.). 3. У мæ бар æппæт дæр:/Æрдз, кæмæн нæй аргъ, уæлдæф, фæзтæ, дæттæ - Иууыл уæнт сымах (X. Я.). 4. Цы йын нæ мысыд: йæ аив гуыры конд, йæ рæсугъд къахайст, уæлдайдæр та йæ диссаджы æфсæрмджын бынты каст (Б. М.). 5. Хъæбысæй хæст, дур æппарын, фатæй милмæ æхсын, симынмæ - æппæт дæр ныууагъта, кæд æппæтмæ дæр хæрзарæхст уыд, уæддæр. 6. Цы йын уыди: хуымзæхх, фос, хæдзары дзаумæттæ - иууылдæр сæ ныууагъта йе ’фсымæрæн. 7. Раст зæгъыс, Урсдзых, раст (Дж.Н.). 8. Хæдзонд, хæдæфсарм, хистæр-кæстæр зонæг, фæллойуарзаг - ахæм адæймагæй равдыста йæхи æмæ ссис дзырддзæугæ (Г.). 9. Уæрдæтты æмæ адæмы фæстæ Къæхтысæры къæдзтæ фæндагыл цыдысты фос: галтæ, хъуццытæ, фыстæ æмæ сæгътæ, кæрæдзийы схойгæ, рыджы тъыфылтæ сæ фæстæ уадзгæ (М. Д.). 10. Зард, кафт, гæрах - уыдон дзы уыдысты бирæйæ (Б. Г.). 99
97-æм фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут, хъуыдыйады æм- хуызон уæнгтæ æмæ иугæнæг дзырдтæ цавæр хъуыды- йады уæнгтæ сты, уый. 1. Рауагъта зæххыл стыр миты уард æмæ тыхджын уад (И.т.). 2. Ракасти хур, æмæ фосæй, адæмæй - æппæт схъæлдзæг сты (И.т.). 3. Фæндагыл мемæ баиу ис дыууæ лæппуйы: Созыр æмæ Батыр (Б. Е.). 4. Цыдæр æбæрæг рис рæхойæгау, æлхъивæгау кодта Фидарæн йæ зæрдæ. 5. Йæ уæнгты айст, йе сныхас, йæ цæстæнгас - алцыдæр дзы у худæджы хос. 6. - Адæймагæн йе сæфт дæр æмæ йæ амонд дæр йе ’взагыл баст у. 7. Бон æртæ хатты æвзаргæ хæринаг: карчы бас, æхсыры сæртæ, стуры фыд. Лæджы ном æмæ æгъдау, адæмы кад æмæ намыс - уыдон æм æппæтæй уæлдæр æвæрд сты царды (Б. М.). 8. Йæ уаг, йæ ахаст, йе ’взыгъддзинад - алцæмæй дæр цыдис Хъауырбеджы зæрдæмæ (Б. А.). 9. Æууæнк æмæ зæрдæ - уыдон æнæкæрон бирæ лæвæрттæ, зынаргъ хæзнатæ сты, æмæ сæ хайджын ут! (С. У.). 10. Дзæвгар суайын хъæуы нарæг гакъон- макъон къахвæндагыл. Кæм æрхмæ бахъавы, кæм айнæджы бынты адагмæ фæзилы, кæм лæбырдыл фæуадзы йæ фæд. 11. Сæрды дæргъы ахæм къуыри нæ фæуыдзæни, æмæ Тæтæри йæ хæрæгыл хъæумæ мацы ныххæсса: куы ног кусартæй хæйттæ, куы ссинаг, куы цыхт æмæ къуымбил, куы та - уисæйттæ (А. И.). 12. Стæй-иу дзы айрох æппæт дæр: хæст дæр, хистæртæ дæр, хъæу æрхуым кæй у, уый дæр (Хъ.М.). 13. Мæнмæ гæсгæ, уыцы ахастдзинæдтæ канд бинонты ’хсæн нæ хъæуынц, фæлæ хъæуынц сыхы, хъæубæсты - цыбыр дзырдæй, алы ран дæр («Р.»). 14. Семæ цы къæбæр рахастой: ногахст цыхт, дзул, цъæх хъонтхоратæ, къуыдырфых æйчытæ, - уыдон бахордтой. 15. Бæласæй, зайæгой халæй - иууылдæр райынц сæ радырцыд дугæй (Г. Б.). 100
14§. ХЪУЫДЫЙАДЫ ИРТÆСТГОНД УÆНГТÆ Хъуыдыйады искæцы дзырды мидис чи фембарын, фæбæлвырд кæны кæнæ хъуыдыйадмæ уæлæмхасæн хъуыды чи бахæссы æмæ иннæ уæнгтæй интонацийæ кæй рахицæн кæнæм, уыцы уæнгтæ хуыйнынц иртæстгонд. Хъуыдыйады иртæстгонд уæнгтæ адихгæнæн ис дыууæ къордыл: 1) æрдæгпредикативон æмæ 2) бæлвырдгæнæг. Æрдæгпредикативон иртæстгонд уæнгтæм хауынц иртæстгонд бæрæггæнæнтæ æмæ фадатон дзырдтæ. Уыдон хъуыдыйады мидисмæ бахæссынц уæлæмхасæн хъусын- гæнинаг. Сæйраг хъусынгæнинаг баст вæййы зæгъинагимæ. Иртæстгонд бæрæггæнæнтæ загъд вæййынц: миногмитæй сæ дæлбар дзырдтимæ (миногмион здæхтытæ), миногонтæй æмæ миногонтæй сæ дæлбыр дзырдтимæ (адъективон здæхт), номдартæй (ардæм хаст цæуынц æмхасæнтæ дæр): Мæгуыр хæххон ус у Санет, бинонтæ уарзæг. уазæгыл нингæнаг (Хъ.Соз.); Сидзæр лæппу, фосуарзаг, фосæн тæригьæдгæнаг, Ебыры мæсыгæй æркæсы, уæдæ уый цавæр уа, зæгьгæ (Æ. Ц.); Уый уыдис рæсугьд æрыгон сылгоимаг, хæрзарæзт, гуырвидауи; Елмурза не ’ппæтмæ дæр фæкастис рагон зонгæйы хуызæн, хион æмæ зынаргь хистæр (Б. Т.); Æлдарæн бирæ адæмуыди йæ кьухы, коммæгæс. уисæнгæнаг (Æ. Ц.). Бæрæггæнæн иртæстгонд æрцæуы, бæрæггæнинаг дзырдæн йæ фæстæ куы фæлæууы, уæд. Ирон æвзаджы бæрæггæнæн бæрæггæнинаг дзырдæн йæ разæй кæй фæлæууы, уымæ гæсгæ иртæстгонд бæрæггæнæнтæ (миног- мийæ, миногонæй загъд) арæх не ’мбæлынц. Миногмион здæхт ирон æвзаджы вæййы мивдисæджы дæлбар уæнг дæр æмæ уæд феххæст кæны фадатон дзырды функци. Иртæстгонд бæрæггæнæнтæ, миногонтæй загъд, фæбæл- вырд кæнынц амад номон зæгъинаджы номон хай дæр: Сæрæн лæппу уыд, сахь æмæ æвзыгьд (Дж.Ш.). 101
Миногон дæлбар дзырдтимæ фембæлы, æнæ номдарæй куы вæййы, уæд: Сæ сыхаг, махæй хистæр æмæ фендджындæр. хьуыддаг аразыи йæхимæ райста. Номдартæ иртæстгонд бæрæггæнæнты функцийы вæййынц дæлбар дзырдтимæ: Сæрвæттæй хорз зынди стыр хъæу, йæ тьæпæнсæр хæдзæрттæ æмæ нарæг уынгтимæ. Иртæстгонд фæцæуынц куыд даргъгонд, афтæ æнæдаргъгонд æмхасæнтæ дæр: Мах, дыууæ ирон лæппуйы. хохтæсгарæг инженертæ æмæ нæ фæндагамонæг хистæр Елмурза. фæрсæй-фæрстæм бадтыстæм Уазайы бæрзонд хохæн йæ хуссарварс (Б. Т.). Æмхасæн бæрæггæнинаг дзырдимæ баст вæййы интонацийæ кæнæ бæттæгтæй: кæнæ, ома, куыд; дзырдтæй: уæлдайдæр, тынгдæр, зæгьгæ, дзырд- бæстытæй: йæ ном, йæ мыггаг. Иртæстгонд фадатон дзырдтæ загъд вæййынц иугай фæрссагмитæй æмæ фæрссагмитæй дæлбар дзырдтимæ (фæрссагмион здæхтæй). Фæрссагми у мивдисæджы формæ, уымæ гæсгæ йын ис уæлæмхасæн зæгъинаджы нысаниуæг. Фæлæ йæ мидисы сæйрагдæр у фадатон нысаниуæг, уымæ гæсгæ сæ хъуыдыйады æвзарæм куыд фадатон дзырдтæ: архайды хуызы, афоны, æфсоны, бадзырды æ. æнд. фадæттæ: Дæ мадмæ фæдисы иæугæйæ. стонг лæджы адзалæй кæй фервæзын кодтай, уымæ гæсгæ дын дæттын дæ мады (Н.к.); Тымыгь, хьæрзгæйæ. хæры йæ хьиутæ (Дз.Х-М.); Хæблийæн æй схьæр кæныимæ дæр нæ хьавыд, исты ныхасæй та йæ куы фæрæхойа, уымæй тæрсгæйæ (М. Д.). Фæрссагмийæн фæрсдзырды нысаниуæг куы вæййы, уæд иртæстгонд нæ фæцæуы: Кусгæ кодта йæхæдæг æвæллайгæйæ хуры скастæй хуры ныгуылдмæ (М. Д.). Абарстон здæхт иртæстгонд æрцæуы, хъæлæсы уагæй йæ куы рахицæн кæнæм хъуыдыйады иннæ уæнгтæй - æрлæудтытæй, логикон цавдæй, стæй йæ куы фæдзурæм тагъддæр хъæлæсы уагæй: Æмæ уæлбæхæй куы 1ртулон/Æз, куыд тулы дур (Хъ.М.). Бæлвырдгæнæг иртæстгонд уæнгтæ хъуыдыйады 102
цавæрдæр хай феххæст кæнынц, фембарын кæнынц, фæбæлвырд кæнынц. Арæхдæр бæлвырд цæуынц бынаты æмæ афоны фадæттæ: Дайраны нарæгæй рахизæны, Æркьайы фæзы, æрæмбырд сты бирæ адæм (С. У). Бæлвырдгæнæг (æмбарынгæнæг) уæнгтæ, цы дзырдты мидис фембарын, феххæст кæнынц, уыдонимæ баст æрцæ- уынц сæрмагонд дзырдтæй: фæстæмæ, йеддæмæ, уæлдай, уæлдайдæр, дарддæр, ома, кæнæ (ома-ны нысаниуæджы): Чызгмæ фæдзурын æмæ комкоммæ бакæсын æнæ исты æфсонæй, уæлдайдæр æхсæвæрафон. уынджы чи бауæнддзæн (Б. Б.); Уæдæй фæстæмæ Керым, хæстæг сыхæгтæй дарддæр, зианы фæдыл дæр æмæ цины тыххæй дæр никæдæм уал ацыдис (Б. Т.). 98-æм фæлтæрæн, Сбæрæг кæнут иртæстгонд уæнгты хуызтæ. 1. Хортауæг фæсивæды, уæлдайдæр ацафон, хистæртæм хъусынмæ нæ февдæлы. 2. Зыны сахат алчи йæ бынат бацахста, суанг сабитæ дæр (А. М.). 3. Уазджытæ, бæхтæй нæ рахизгæйæ, адæмон арфæ загътой, æмæ комкоммæ баздæхтысты бæхыл хъазджытæм. - Цы зæгъæн ис, - ахъуыды кодта Уырысби, - хæрзконд, рæсугъд лæппу у, нарæгастæу, уæндон цæстæнгас (К. А.). 4. Алцыдæр нæм ис, цъиуы æхсырæй фæстæмæ. 5. Рæвдз архайы йæ хо дæр, фæлæ ахæм уæззау уый куыд æййафы йе ’фсымæры, уæлдайдæр Хохдзуйы хуызæн къабазджын лæппуйы? (М. Д.). 6. Ханиффæ арæх бадти уым рудзынджы раз æмæ- иу уырдыгæй фæлгæсыди дардмæ, хъæдтæм, фæндагыл цæуджытæм, мæйрухсы æхсæвы-иу, хъуыдытæгæнгæйæ, стъалытæм касти. 7. Иу бон, изæрдалынгты, Стыр Кæсæ- джы, Тасолтанты хъæумæ фæсвæд фæндæгтыл фæцæйцыди барæг, нымæт æмæ басылыхъы тыхт (К. А.). 8. Æвæццæгæн, бинонты цæстæнгас, уæлдайдæр Абысалы рæвдыд, æнæхъæнæй дæр Алмасыл тад æмæ руад. 9. Æмæ сæ 103
зæрдæты уарзт иууылдæр ацыд сæ иунæг хъæбулмæ - Ацæмæзмæ. 10. Лæппуйæн хистæрты, фылдæр та йæ мады кæуынмæ, йæ цæссыгтæ уадысты йæ рустыл. 11. Бало Софийæн йæхи хуызæн у, саулагъз, ныллæггомау, фæлæ фæтæнуæхск æмæ хæрзконд у. 12. Æмбисонды хорз адæм сты мæ фысымтæ, цардмæ бæллон, фæллойуарзаг (Е. Т.). 13. Фысымты хистæр Бимболат, бæрзонд урсзачъе зæронд лæг, бамбæрста æххуырсты сагъæс æмæ йæм лыстæгдæр бакаст. 14. Иннæтæ, иу стæм хорджын азæй фæстæмæ, хæсгæ хорæй цæрынц (Дз.К.). 15. Цыдысты фистæгæй æртæйæ соса фæндагыл, мад æмæ дыууæ саби-сидзæры, цыдысты чысылгай, æнцад, дзаумайы бызгъуырты, мæгуырты хуызæн (Г. Ц.). 16. Фырдæйы хъуыды нæма фæхицæн Отеллойы сурæтæй. Йæ цæстыты раз ма удæгасæй лæууынц стыр адæймаг - рæстуд мавр - æмæ фыдцъылыс Яго (М. С). 17. Мæдинæтæн, иннæ азты хъауджыдæр, ацы уалдзæг йæ куыст бæрнондæр уыди. 18. Арвæй хæдон кæнын, зæххæй дзабыр, кæйдæр рæгъæутты фæстæ цæугæйæ (Г. В.). 19. Ам, Иры зæххыл, бæрзонд хæххон хъæу Цъоды, райгуырди Сослан. 20. Фæзилæны фалейы Сослан ауыдта дуртæй амад цъупсæрджын иунæг хæдзар (Н. Г). 99-æм фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут иртæстгонд уæнгты синтаксисон функцитæ. 1. Тымыгъ, хъæрзгæйæ, хæры йæ хъиутæ (Дз.Х.-М.). 2. Фæззыгон, уæлдайдæр та хæхбæсты, куыст хæлоф вæййы. 3. Урсдоны рахиз был, Бадилаты уæрæх хъазæн лæгъзы, нæртон симд бацайдагъ (Хъ.А.). 4. Уый уыди стыр ахуыргонд лæг, æфсæддон куысты лæуд. 5. Уæд- иу быдыры, рæгъаугæсæй, лæппутæ хъæбысæй хæцыныл куы схæцыдысты. 6. Æввахсгомау иу лæппулæг бæхæн дон бадардта, стæй, бæлццоны ауынгæйæ, уырдæм бараст ис, йæ бæхы рохыл хæцгæйæ (К. А.). 7. Рувас æмæ арс иумæ цардысты. Уæд иу бон сæ куыстмæ ацыдысты, хуымы куыстмæ (ИАС). 8. Каспийы денджызы былыл æнкъардæй 104
лæууы бæрзонд, цъæх дурæй амад мæсыг. 9. Сырæзти Каспийы денджызы был бæрзонд мæсыг, цъæх дурæй конд (Б. Г.). 10. Рацыдис уазджытæм æлхынцъæрфыгæй Сайнæг- æлдар, урс цыллæзачъе, нарæгастæу æмæ фæтæнуæхск (Н.к). 12. Ацафон ма, стæм азтæй фæстæмæ, Ирыстоны хъарм вæййы. Ам, Мæскуыйы бынмæ та, бæстæ ныридæгæн урс- урсид адардта. 13. Быдыры фаллаг кæрон, кæмдæр æддæуæз, йæ фæдыл цъæхбын рухс уадзгæ, æрзылд ракетæ æмæ зæхмæ ’ввахс æрхуыссыд (Б. М.). 14. Ацафон, уæлдайдæр та ахæм уаргæ бон, хъæд æдзæрæг вæййы (Б. Т.). 15. Хистæр Чабæхан, бæрзонддæр чызг, нарæгдæр, сабыр, æнкъардхуыз; фæлурсдæр йæ цæсгом (Къ.). 16. Фæндагæй иртæст, бæлæсты аууон, ифтыгъд уæрдон лæууы (К. А.). 17. Бирæ чызджытæ хæлæггæнгæйæ кастысты йæ кафæг къаймæ (К. А.). 18. Уым- иу лæууыд Сæлимæт, йæ уарзон сылгоймаг, кусаг, æнæ- зивæг, æнæмаст (Дз.Т.). 100-йæм фæлтæрæн. Ссарут хъуыдыйæдты иртæст- гонд уæнгтæ. Зæгъут, æрдæгпредикативон сты æви æмбарынгæнæн. 1. Адæмæн, уæлдайдæр та рæзгæ фæлтæрæн, æмбарын кæнын не ’гъдæутты мидис, ахадындзинад. 2. Нæл хуытæм æххуыс кæнынмæ Хохы бæрзондæй фæзынди франчы лæппын, æвзыгъд æмæ цæхæрцæст. 3. Уæд иу бон куы уыди, уæд Нарты гуыппырсартæ, Урызмæгæй фæстæмæ, Сау хохы сæрмæ æрæмбырд сты æмæ уым симд сарæзтой (Н.к.). 4. Галиуырдыгæй та зæронд, хæлддзаг кауын быруйы мидæгæй, кæрты, лæууы ныллæггомау, хъæмпæй æмбæрзт къæс. 5. Хъæубæсты алы ран дæр стыр диссагæн кодтой йе сгуыхты кой (М. Д.). 6. Звенойы уæнгтæй - ссæдз адæймагæй - алкæмæн дæр йæ фондз гектары бæрæг уыдысты (Дз.Т.). 7. - Стыр бузынг дæ уæздандзинадæй, - йæ мидбылты бахудгæйæ, дзуапп радта Хъуырман (Хъ.А.). 8. Иннæ адæмæй хъауджыдæр, Цæрайы мад адæмы æхсæнты йæ чызгимæ бацыд (Ц. М.). 9. Зилдухгæнгæ-иу, тымыгъ 105
куы иуæрдæм ауагъта йæхи, куы - иннæрдæм. 10. Мыст, æнæрынцайгæйæ, къæссайы æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы тæлфыди. 11. Дыккаг райсом, аходæнафон, Куырттаты æфцæгыл хурварс лæууыдысты кæрæдзийы раз дыууæ адæймаджы. 12. Уый федта иу изæр Азæмæт, йæ саулохаг бæхыл балцæй æрбацæйЦæугæйæ (Б. Г.). 13. Йæ иу хай, ацырдыгæй фарс, - æхсынæны хуым (Б. Т.). 14. Кæстæртæн, лæппутæ æмæ чызг-уазджытæн, хъазт ахастой хæдзары акомкоммæ уæлмусмæ (Т. А.). 15. Хæмпæлты, пыхсыты æхсæн, дæлгоммæ хуысгæйæ-иу, йæ цæстытæ фестадысты дыууæ фаты (Г.). 16. Уыдон, ацы хæхтæ, бирæ цаутæн уыдысты æвдисæн (Г А.). 17. - Ацы хуырыммæ дæр адæмы хъæр бахъардта, - загъта сæ иу, ныллæгдæр æмæ хæнкъуытæ цæсгомджын (М. С). 18. - Гъе Батрадз, хъæбатыр Годахы фырт. Æз дæумæ куы дзурын. 19. Æртыккаг уазæг, æппæты кæстæр, хъазын куы райдыдта, уæд адæм иууылдæр æркастысты уыцы уазæджы бæхыл хъазтмæ (К. А.). 101-æм фæлтæрæн. Хъуыдыйæдтæ кæронмæ ахæццæ кæнут, къæлæтты дзырдбæстытæй саразут фæрссагмион здæхтытæ. Бацамонут, цавæр хъуыдыйады уæнгтæ уыдзысты, уый. 1. Ныхасы адæм сыстадысты æмæ ацыдысты фæйнæрдæм (хъæрæй ныхæстæ кæнын). 2. Зæрин хур (фæлмæн тынтæ нывæндын) йæ цæст ахаста дунейыл. 3. Адæмтæ домынц сабырдзинад (хæст зæрдыл дарын). 4. Лæппу алкæимæ дæр уыд хæларзæрдæ (зынтæ бавзарын). 5. Мадæн йæ фæллад сæфт (сывæллонмæ кæсын). 6. Мæ Райгуырæн бæстæ цæуы иу уæлахизæй иннæмæ (зындзинæдты сфæлтæрын). 7. Адæймаг кад кæны йæхицæн (иннæты нымайын, уарзын, æмбарын). 8. Зæронд хъуыды кодта (сæр æруадзын, зæхмæ кæсын). 9. Рог æмæ фæлмæн сагъæстæ тахтысты абухгæ доны сæрты (цæссыг калын, цин кæнын). 102-æм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут æрхæцæн ны- сæнтты æвæрд. 106
1. Уæлæуæз, иу хохы тæккæ цъуппыл, сау къæйты æхсæн, иунæгæй рæзы иу хæххон дидинæг (Г. Ц.). 2. Митъо, цæлтыл ахуыр адæймаг, прейскурантыл ахаста йæ цæст æмæ ранымадта цыдæртæ (К. А.). 3. Бынæй, комы, дон хъæргæнгæ уади йæ айнæг къæйбыныл, калмау къæдзтæгæнгæ дыууæрдæм, æмæ дардмæ æрттывта хæрдгæ æндахау (Къ.). 4. Æрмæст хъулон дынджыр цæу, фосы амидингæнæг, къорд сæгъы разæй куы иу ран февзæры, куы иннæ ран (Б. Б.). 5. Сырдтæ иууылдæр, бирæгъы йеддæмæ, сæхицæн зымæгмæ цæттæ кæнынц цæрæн бынæттæ, хæринаг. 6. Харитон, цæф уынгæйæ æмæ хъæдгом бабæтгæйæ, йæхи афтæ дардта, цыма хирурджы куыстмæ дæсны у (Дз.Т.). 7. Ацæмæз чызгмæ, иннæ чызджытæй уæлдай, ницы хорздзинад хатыдта ныронг, кæд уæнгты кондæй æмæ цæсгомы ахастæй хæрзаив уыди, уæддæр (Дз.Т.). 8. Даргъ зымæг ивгæйæ, хъазгæ, æрттивгæйæ, ралæууыд бон (Н.). 9. Рæсугъд у, тынг рæсугъд Цъамад - Иры рагондæр хъæутæй иу (Хъ.С). 10. Уалынмæ чызджыты фидыц - Саурæсугъд - фæндыры зæлтæ аивæзта (Б. А.). 103-æм фæлтæрæн. Сæвæрут хъæугæ æрхæцæн нысæнттæ. Бамбарын кæнут, фæрссаг уæнгтæ иртæст- гонд цæмæ гæсгæ цæуынц, уый æфсон. 1. Æвиппайды багæпп кодта æрхы иннæ фарсмæ. Къахы риссын нал æмбæрста, фæлæ фосы фæрсты рахаубахаугæнгæ, æрхы фаллаг тигъæй куы ныккаст, уæд федта, лæбырды рæбын бынæй хъугомы хъæбæрхоры хуымты æмбонды сæрты фос хуыммæ куыд гæппытæ кодтой, уый. Ихыл бырæгау лыстæг хуыртыл йæхи хафгæ ныхæццæ фосмæ (Б. Б.). 2. Дон дæр æмæ фæндаг дæр фæуайынц дæлæмæ дард райдзаст быдыртæм (Хъ.С). 3. Арвыл уæртæ кæмдæр хæхты фæстæ мигъы къуымбилтæ бадтысты æмæ сырх-сырхид дардтой, цыма арт ссудзынмæ хъавы, афтæ (М. Д.). 4. Дард комы нарæджы иу хуссар хъæбысы кæрдæджы астæу рæзы иу быдырон дидинæг (Г. Ц.). 5. Æмæ 107
йæ цæссыг рондз тугæмхæццæ/Нæ хæхтыл калди æмæ сæ æхсадта (Н.). 6. Ахæм операцимæ флоты наутæн денджызмæ ацæуæн фæндæгтæ асыгъдæг кæнынмæ йæ ныфс бахаста фыццагдæр хæххон лæппу - æрыгон афицер Хъоцты Къоста. 7. Горæты сæрмæ уæлдæфы зилдухтæ кодтой нæ хæдтæхджытæ штурмгæнæг «Ил» - тæ æмæ фашисттыл калдтой бомбæтæ æмæ эр-эс-тæ уæлдæфы рухсгæнæн зонттæ «æрцауындзгæйæ» (Дз.Т.). 8. Уæлладжыры хохы цард Тулатæй Бибо, зæгъгæ, хорз бæрæг хæтæг лæг (Г. С). 9. Бынæй комы рæбынæй та фæцыд топпы хъæр. Фæзылдтæн, уыцы ’рдæм æмæ диссаг! Бирæ адæм згъорынц дæлæ уæлæмæ ме ’рдæм хъæр кæнынц, фæлæ сын сæ ныхæстæй ницы æмбарын. Уæлæ рагъы ’рдæм скастæн, æмæ мæ уд мæ къæхты бынæй агæпп ласта. Ныр æй базыдтон, адæм цæй фæдыл фæдис кæнынц, уый. Цыбыр ныхасæй, фыййæуттæ цæмæй тарстысты, уый мæн баййæфта... Фос сæгъты фæстæ къæдзæхтæм ссыдысты æмæ кæрæдзийы фæдыл иу халæй æхсæрдзæнмæ арæхыс сты (Дз.К.). 104-æм фæлтæрæн. Фæрссагмион здæхтытæ рахицæн кæнут æрхæцæн нысæнттæй æмæ зæгъут, цавæр хъуы- дыйады уæнгтæ сты, уый. 1. Ныр дæр арты фарсмæ къодахыл бадгæйæ архайы Гадо йæ лулæимæ (Б. Т.). 2. Ефим ацы ныхæстæ зæрдиагæй дзургæйæ фемдзаст йæ ахуыргæнинæгты цæстытæм (Дз.Т.). 3. Скифтæ «европæйаг ирайнæгтæ» уæвгæйæ стыр культурон фæд ныууагътой бирæ адæмты культурæйы (М.д.). 4. Нывмæ кæсгæйæ Хæмыцы зæрдыл æрбалæууыд Хуыдæлон, уыйбæрц фыдæбæттæ фенæг, йæ цард тынг зын фадæтты æрвитæг (Дз.Т.). 5. Сусхъæды мард бур сыфтæ иугай-дыгай зилдухгæнгæ хауынц бынмæ, æмæ уыдон дæр æнкъарддзинад æфтауынц Лексойы зæрдæйыл (К. А.). 6. Уазджытæ бæхтæй нæ рахизгæйæ адæмæн арфæ ракодтой æмæ комкоммæ баздæхтысты бæхтыл хъазджытæм (К. А.). 7. Фæлæ уæддæр йæ зынтæ ницæмæ даргæйæ 108
Къоста балæбурдта фыдгулы артдзæстмæ Ялтæйы портмæ. 8. Къудзиты рæбынты чысыл æрдузты æмæ алы рæтты агургæйæ бон-изæрмæ фæкарста хос (М. Д.). 9. Æвзæргæнæг уæвгæйæ дæхи æууæнкджынæй æвдисыс æмæ ма къазнайæ мызд дæр исыс (К. А.). 10. Ирон адæм стыр дзыллæ уæвгæйæ сæхи скуынæг кодтой, иумæйаг æфсымæруарзондзинадæй фидар нæ уыдысты (Г. С). 11. Бæх æртæхджын кæрдæг хæргæйæ куы иуырдæм аздæхы, куы иннæрдæм (К. А.). 105-æм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут, фæрссагмитæ æмæ фæрссагмион здæхтытæ иртæстгонд цæуылнæ цæуынц, уый (фæрссагми æнгом баст у зæгъинаг-мивди- сæджы мидисимæ æмæ аразы сæйраг хъуыды; фæрс- сагмион здæхт у æнгом дзырдбаст; фæрссагми æххæст кæны фæрсдзыры хæс). 1. Мæйдары, йæ уд йæ къухы хæсгæйæ, лæппу тухитæй фæхæццæ хъæдмæ, хæринаджы бæсты бæласы мæрайæ райста фондзæхстон топп (Б. Т.). 2. Йе ’гънæджытæ æвæргæ, рауади Джанаспи йæ уатæй (К. А.). 3. Бады Мисурæт, сæццæтæ кæнгæйæ, фыдохы уацмæ æнхъæлмæ кæсæгау (Æ. Æ.). 4. Бомбæтæ æмæ минæты срæмыгъдтытæй æнхъизгæ æмæ нæргæ денджызон фæндæгтæ фæстейы аззадысты (Дз.Т.). 5. Хъæды, быдыры, дидинджыты цупалмæ кæсгæйæ, сæ рæсугъддæры къуырфæй мæнмæ ды зындтæ. Денджызы былыл, уылæнты хъазтæй мæхи рæвдаугæйæ, уылæнты урс барцыл дæу ахста мæ цæст, уæдæ, арвы мигъы къуымбилты нымайгæйæ, сæ бæмбæг цъуппытыл дæу уыдтон (Б. Е.). 6. Естъа йæ цæстытæ тагъд-тагъд æрхаста гæххæттыл æмæ мидбылхудгæ загъта (Г.). 7. Канд ахсæв нæ, ардыгæй кæсгæйæ, боныгон дæр ферттивынц йæ уылæнтæ хурмæ (Б. Т.). 9. Уæдæ, йæ рог сынтхуыз сираг бæхыл бадгæйæ та куыд фидаудзæн, куыд! (Дз.Т.). 106-æм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут, цавæр æфсон- мæ гæсгæ иртæстгонд цæуынц фæрссаг уæнгтæ (фæрссаг уæнг бæлвырд кæны йæ разæй уыцы дзырды мидис; 109
иртæстгонд уæнгæн ис фадатон кæнæ объектон ныса- ниуæг). Зæгъут, хъуыдыйады цавæр уæнгтæ иртæстгонд цæуынц. 1. Мæллæг, Хæмыцы сывæллæтты хуызæн, дыууæ чысыл лæппуйы, сæ къухтæ хæррæгъты тыхтæй, дойнаг дур сæттынц (Дз.Т.). 2. Уайтагъд ын хъæдын къус, уазал донæй йе ’мбылтæм дзагæй, йæ къухы фæцавта (Хъ.С). 3. Æрæджиаугомау дуар айгом, æмæ Дзиппыла хъуызæгау мидæмæ æрбахызт (Дз.К.). 4. Кæддæр нæ хæхты хъæбатыр лæг царди, Чермен хуынд йæ ном (Æ. Æ.). 5. Рахызтысты тагмæ, сæ бæхты кæрдæгыл суагътой. Сæхæдæг, иу чысыл баулæфыны тыххæй, доны сæхи ауазал кодтой, стæй уæд стыр бæласы бын аууоны æрбадтысты (Б. Т.). 6. - О, Зауыр, Зауыр! Дæ кой адæмы æхсæн æрмæст таурæгъæй баззади. Дæ суадон та ма абон дæр дзыллæйæн, мах хуызæттæн, удхос у, дæхийау - сыгъдæг. Уый цалынмæ ам, хæхты астæу, тархъæды, уайа, уæдмæ дæ ном дæр нæ ферох уыдзæн (Б. Т.). 7. Цыдыстæм Мысостимæ доны цурты, уыцы нывтæм æнæфсисæй кæсгæйæ. Былæй тылдтам дуртæ æмæ кастыстæм сæ фæдыл, сæ разæй-иу рыг калгæ, æндæр дуртæ хæсгæйæ, Æрæфы гуылфæнты сæ пæллæхъхъ куыд фæцыд, уымæ (М. Д.). 8. Æнусты размæ Хъæриуы хохы дæлбазыр, Дагомы хъæуы, царди Ос-Бæгъатыры фæдон, Хъараты Садуллæйы иунæг бындар Хъуырман (Хъ.А.). 9. Йæ дзæбæх фæлурс цæсгомæй, йæ рæсугъд хъал цæстытæй кæсы, фæлгæсы коммæ дæлæмæ (Г. Ц.). 10. Лæппу сæм лæмбынæг байхъуыста æмæ уыцы æнæдзургæйæ фæраст (А. И.). 11. Афтæмæйты æртæ лæппуйы арвыстой сæ чысыл рæстæджы дзæбæх бонтæ, æнæферохгæнгæ бонтæ (К. А.). 12. Бæрзонд нæудзæф къуылдымы рæбын, фыдуаг цæугæ чысыл доны былыл, ныттыгуыр сты нудæс хæдзары - Æхсæйнаг хъæу (Дз.К.). 13. Улæфынмæ ныр æвдæлы æрмæст мах, фыййæутты. Сæрвæтты, бæрзонд тигъыл, стыр дуры рæбын ривæд кæнынц нæ фосы дзуг (Б. Т.). 110
15 §. БАВÆРГÆ АРÆЗТЫТÆ Бавæргæ арæзтытæ сты, хъуыдыйады мидæг дзурæ- джы ахаст, ныхас цæуыл цæуы, уымæ чи бæрæг кæны, ахæм дзырдтæ, дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйæдтæ. Сæ модалон нысаниуæгмæ гæсгæ дих кæнынц цалдæр къордыл: хъусынгæнинаджы æцæгдзинад, бæлвырддзи- над æвдисæг (бæлвырд, æцæг, æнæмæнг, бæгуы, дзырд дæр ыл нæй, ай-гъай (дæр), раст зæгьын хъæуы, уырны мæ, уæдæ цы уыдаид, уæдæмæ, уæдæ цы, кæй зæгъын æй хъæуы), дызæрдыг, гуырысхо æвдисæг (æвæццæгæн, гæнæн ис, чи зоны, куыд зыны, æнхъæлдæн (æмæ), сæрæй, æзынма, цæвиттон), æнкъарæнджын-аргъдæттæг (хъыгагæн, мæ- гуыр (-æг), бецау, гормон, мæ (дæ, нæ, сæ, уæ) амондæн, диссаг, мæ фыдбылызæн, мæ хур акæнай, уæллæй, тæхуды, бæргæ), ныхасмæ хъус æрдарыны тыххæй загъд (зон (-ыс), кæс (-ыс), кæс-ма, уый бахъуыды кæн, бауырнæд дæ, уыныс, хæдæгай), ныхас кæмæй цæуы, уый бæрæггæнæг (кæйдæр загъдау, мæнмæ гæсгæ, дам, зæгъгæ, куыд акæнынц, ныхæстæм гæсгæ, дзурынг}, куыд зонæм), хъуыдыты цыд, сæ бастдзинад æмæ загъдæй хатдзæггæнæг (уæдæ афтæ, иу ныхасæй (дзырдæй), цыбырæй, цыбыр ныхасæй, сæйрагдæр, фыццаджыдæр, дыккаджыдæр, иуæй, иннæ- мæй, афтæмæй, æмткæй райсгæйæ, цыбыр ныхасæй), уæздандзинад, ныхасы этикет æвдисæг (дæ (уæ) хорзæхæй, табуафси, бахатыр кæн, бафæрсын аипп ма уæд), сомытæ, арфæтæ, æлгъыстытæ (ард дын хæрын, мæ фыдыстæн, мæ мæрдтыстæн), ам фарны койтæ чындæуæд, бын бауинаг) æ. æнд. Бавæргæ арæзтытæ хъуыдыйады мидис кæнынц ирддæр, бæлвырддæр æмæ сын уый руаджы хъуыдыйады иннæ уæнгтимæ ис семантикон бастдзинад. Фæдзурæм сæ, иннæ уæнгтæй æрлæудтытæй хицæнгæнгæйæ, фысгæйæ та - къæдзыгтæй. Загъд æрцæуынц хайыгтæй, модалон дзырдтæй, алыхуызон морфологион арæзт кæмæн ис, ахæм 111
дзырдбæстытæй, хъуыдыйæдтæй (иувæрсыг æмæ дывæрсыг). Бавæргæ арæзтытæ хъуыдыйады уæнгтæ нæ вæййынц: Цы кæндзæн, мæгуыр. рухсы иу тæпп ам?; Чысыл фæлæуу, дæ хорзæхæй... Зæринæ!; Чи зоны йæм ныр æрцыд хуыздæр зонд; Борæхан, зæгъыс?; Æвæииæгæн дзы ферох ис æгьдау; Цыбыр дзырдæй. кæмæй цы райсæм хорзæй?; Мыййаг. фæцæф?; Кæсут. хорз адæм? Худы уыл æргомæй (Дж.Ш.). 107-æм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут бавæргæ арæз- тыты нысаниуджытæ (амоны хъуыддаджы æцæгад, нысан кæны ныхасы эмоционалондзинад, бæрæг кæны, хъуыдытæ кæрæдзийы фæдыл куыд цæуынц, уый, æвдисы, архайд кæмæй цæуы æ. æнд). 1. Æвæццæгæн, æрдзæй фæдæ æнамонд, Гъе стæй у, зон, лæгмæ гæсгæ дæр хъуыддаг (Ц. А.). 2. Йæ цæсгом ныддардта, мæ хур, æмæ, марадз-зæгъай, кæд басаст. 3. Мæг- гуыры бонтæ, мæнæ мын цæстуынгæйæ мæ цæстытыл бахæцынмæ куыд хъавы (С. Л.). 4. - Хæдæгай, Хæмæт, газет æри æмæ уыцы декрет бакæсон (К. А.). 5. - Мæнæ стыр диссаг, - хинымæр дзуры, - ахæм хъуыды та йæ сæрмæ кæцæй æрцыди? Уæ, æнæнтыст макуы æрбауай (Дз.К.). 6. Бирæгъæй йæхи хызта, мæгуыр, æз та йæ æхсгæ фæкодтон. 7. Цас рæстæг рацыдис уæдæй фæстæмæ, чи зоны! Цас туг ныккалдис хæсты быдыры, чи зæгъдзæн! (Б. Т.). 8. Уымæ, æвæдза, алы змæлæг дæр диссаг кæсы. Æргуыбыр кодта æмæ сындæггай цæуы цæйдæр фæстæ. Уый, æнæмæнг, хъæндил хъуамæ уа (Дз.К.). 9. Дзыцца сæ æфсæрмы кодта, фæлæ, иуæй, нæ хæдзар хæлд, æмæ йæ исты амæлттæй цъæппытæ кæнын хъуыд, иннæмæй та, нæ къух нæ амоны (Дз.М.). 10. Уæвгæ йын дымгæ схонæн дæр нæ уыд. 11. Дзæгъындзæгæн, æвæццæгæн, уæлдай нæу æмæ, бæласæй бæласмæ, къутæрæй къутæрмæ пæррæстытæгæнгæ, йæ къæр-къæрæй не ’нцайы (С. Л.). 12. Хуыбырс дæр уæдæ йæ бынаты. 13. Стæй-иу «уист!», зæгъгæ, фæхъæр кодтон. 14. Мæ цæстытæ мæ тымбыл къухæй аууæрстон, 112
мæ хуыссæг, зæгъын, кæд фæлидзид (Æ. Дз.). 15. Хæдзары хицау æнæниз уыдис, зæгъгæ, уæд æфсинæн лæгъстæйаг нæ уыдаид: хъыбылы йæхæдæг хъиладзагъдæй бæргæ расырдтаид, фæлæ, мæгуыр, йæ къæхтыл дæр тыххæй лæууыд (С. Л.). 16. Диссаг у, æвæдза, иуæй-иу адæймæгты зæрдæ! Нæ хъæуы сывæллæттæ сæхи фыдæлтæм дæр нæ уæндыдысты, Соломæ куыд уæндыдысты, афтæ (Дз.К.). 17. Цыбыр дзырдæй, иу хатт мыл фынæйæ куы ныууарид (Æ. Дз.). 18. Уыди - нæ уыди, фыды ус йæхи ныхас атардта: хъыбылæн, дам, æнæ ахенцгæнгæ нæй (С. Л.). 108-æм фæлтæрæн. Рафыссут бавæргæ арæзтытæ хицæн къордтæй сæ нысаниуджытæм гæсгæ. 1. Уæ хорзæхæй, къæбиц - уæ къухты... Кæм цы ис, зонут (Т. А.). 2. Уе знаг гæды зæгъæд, фæлæ мах фæтарстыстæм (Г.). 3. Уайых фæуай, цæмæн тых хатыд кæныс. 4. Йæ бонæй уа, уастæн, цы амонд æм æрхауд. 5. Бузныг, фæлæ æз ахæм лæвары аккаг нæ дæн. 6. Бахатыр кæн, фæлæ дуармæ уыцы машинæйы хицæуттæ кæм сты? 7. Ай-гъай, æнæмæнг уый у. 8. Рæдигæ нæ фæкодтой, мый- йаг? 9. Табуафси, æрбад дæ бынаты. 10. Цыбыр дзырдæй, æрдз æй цыма скодта фæллад уадзынæн. 11. Нæ амондæн, бæрзонды дæр ничи разындис (Г. А.). 12. Нæ фыдæлтæ чи сты, - /Нæ зоныс, сæрæй? (Къ.). 13. Æвæдза, диссаг та куыннæ у хъысмæт! 14. Æвæды цæст æнæфсис, мæнгæн нæ фæзæгъынц. 15. Хъыг кодта, бæргæ, фæлæ ма йын цы гæнæн уыди (И.т.). 16. О, хæдæгай, исты фæфæндараст дæ, мæ хæлар? 17. Ард дын хæрын, нæ мæ фæнды уырдæм цæуын (Б. Е.). 18. Цæвиттон, зымæг-иу арæх цыдыстæм иумæ цуаны. 19. Раст зæгъгæйæ, ницы бамбæрстон Симоны хъуыдытæй. 20. Иу дзырдæй, лæгмæ фыдбылыз куы кæса, уæд æй сæрзæды бын дæр ссардзæн (Б. А.). 21. Марадз- зæгъай, кæд исты хуызы куымдта! (Б. М.). 22. Раст зæгъгæйæ, Хъауырбеджы зæрдæмæ фæцыд ацы бынат. 23. Дæ хорзæхæй, уайдзæф мын ма кæн! (Б. А.). 8 Заказ № 53 113
109-æм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут бавæргæ арæзтыты грамматикон арæзт. 1. Цин дын фенон, мах дæр сын хорз фестæм! 2. Кæсыс, уый нырмæ мæ хъуыды никуы ’рцахста. Ссæдз милуаны. 3. Барæвдз кодта йæхи Сослан, уæдæ цы уыдаид (Н.к.). 4. Æмæ дæуæй уый куы нæ ацæуа, уæд нын, иуæй, нæ гал аргæвддзысты, иннæмæй, æфсæрмы бынаты баззайдзыстæм адæмы ’хсæн (Н.к.). 5. Барсæгатæ та, мæ хур акæнай, иуæй, мыггагæй - чысыл, аннæмæй, - æнæ хæстæг, æнæ фæхæцæг. 6. Иу хатт Барсæгаты фыдæл, Гæмси, зæгъгæ, хъæбатыр рæстдзæф цуанон, хохы уыд цуаны. 7. Фыр тасæй нæ равзæрста, йæхи чердæм фехста, уый æмæ, дæ балгъитæг дæр афтæ, айнæджы былæй асхъиудта арф коммæ (Г. В.). 8. Бирæ нæ бафæстиат кæндзынæн. Табуафси, саккаг кæнут (Ц. М.). 9. Нæ йæм кæсыс, ис, нæй, уæддæр æй доныл ауайæнмæ ауадз! (Б. М.). 10. Ницы мын у. Куыдз къуылыхæй нæ мæлы, фæзæгъынц. 11. Дзæбæх кæрæдзийы сæрты куы схаудысты! 12. Дæ хъуыддаг раст, нæ сусæг къæппæг! (Б. М.). 13. Æллæх-æллæх, уый æцæгдæр къухы бафтыд, зæгъгæ, уæд, Агысайы загъдау, уыцы къуыстил-гуыбынтæ дыууæ-æртæ боны се ’муд бæргæ нал æрцæуиккой! 14. Нæ, нæ, Хуыцау бахизæд, иугæр кой куы рацæуа, уæд уый фæстæ никæйуал бауырндзæн - уыдтæ, нæ уыдтæ. 15. Ахицæн? Рухсаг уæд, мæгуырæг (Б. М.). 110-æм фæлтæрæн. Æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ, лæвæрд дзырдтæ куыд уой фыццаг бавæргæ арæзтытæ, стæй та - хъуыдыйады уæнгтæ. Хуызæг: 1. Сулæфыд сыгъдæг уæлдæфæй, сæрыстырæй фæлгæсы айнæджы сæрæй. 2. Сæрæй, фæтых мыл дæ зондæй. Бæлвырдæй, цæвиттон, сæрæй, æнæмæнг, æвæдза, кæй зæгъын æй хъæуы, мæ хур, мæгуыр, чи зоны, зæгъын, цыбыр дзырдæй, раст зæгъгæйæ, æнхъæлдæн. 114
16 §. БАХÆСГÆ АРÆЗТЫТÆ Бахæсгæ арæзтытæ (дзырдтæ, дзырдбæстытæ, хъуы- дыйæдтæ) хъуыдыйад баххæст кæнынц ног фиппа- инагæй, бæлвырдгæнæг хъуыдыйæ. Феххæст кæнынц кæнæ æнæхъæн хъуыдыйады мидис, кæнæ йæ кæцыдæр хай. Бахæсгæ арæзтытæ баст вæййынц куы æрмæстдæр интонацийæ, куы та райдайынц бæттæгтæй, бæттæг дзырдтæй. Дзургæйæ сæ хицæн кæнын хъæуы æрлæудтытæй, хъуыдыйадæн йæ иумæйаг интонацион арæзт фехалынц. Фысгæйæ та сæ фæхицæн кæнæм къæлæттæ кæнæ тиретæй. Æвæрд вæййынц хъуыдйады астæу кæнæ кæрон: Ацы хæрис бæлас мын (йæ кьухæй йæм ацамыдта) æрлæууын кæны мæ зæрдыл мæ ивгъуыд цард (М. Д.); Дыууæ лæджы ма уым лæууыдысты - дардæй сæ суыдта (Г. А.); Нæ хъæдкъул æскъæт, - 1Ныр дæр ма нæу рохы, - /Æвгъæддон уыд уæд (Къ.); Кæд дæ фæцумайæн искуы бахъуыдаид (фердæхыимæ тарагæй фæстæмæ у зынгæвæрдау), уæддæр æй хæдзары ма ссардтаис (Хъ.М.). Бахæсгæ арæзты функци вæййы фарсты кæнæ хъæры нысæнттæн дæр: Æмæ йын йæ бынат уадзгæ дæр ныккæнид - йæ хъуыры аирвæзæд, æхсæз туманæй уæлдай ма дзы исты ис (!), фæлæ цæмæн? (Хъ.М.). 111-æм фæлтæрæн. Ссарут бахæсгæ арæзтытæ æмæ сын бамбарын кæнут сæ бастдзинад хъуыдыйады уæнгтимæ. 1. Лæг æй йæ фæстæ кæны ласæгау, фæлæ къæбыла не ’нцайы йæ хъыс-хъысæй. Стæй - «амонд йæ хъахъхъæнæг ахæм æвзæрæн» - синагæй куыддæрты феуæгъд йæ сæр æмæ гъæйдæ-мардзæ! Амондæн ма æндæр цы хъæуы (!), йæхи аппæрста пыхсбынты. Ныййарц фæстæмæ. 2. Амырхан (иннæты кой та ма цы кæнæм) ахæм хабар уынгæ нæ, хъусгæ дæр никуы фæкодта (Хъ.М.). 3. Хъуынтъыз бон 115
ма мын хуры цæсты бæсты вæййы - табу уæхицæн - мæ иунæг чызджы ракаст (Н.к.). 4. Диссаг æвналынмæ, - /Цас ын æнтысти!/Уалынмæ уæны стæг/Хурхы нынныхсти. 5. Дæрдтыл æрзилы, йæ къуди тилы.../Нæ рагон фыдсыл/Нæ зоны бæгуы! - /Мæ хуры чысыл,/Куыд рæсугъд дæ, куы! - /Бынæй йæм дзуры (Къ.). 6. - Хорз адæм сты ам, æнæвгъау хæссынц алцы дæр (кæсы къуыммæ, дзаумæттæм). Æхца дæр хорз фидынц (Æвдисы стыр тыхтон) (К. А.). 7. Къæсæрыл мидæгæй, - уырдæм ныр бахызтæ, -7Иу гадза бастæй./Йæ хуылфæй йæ къæбыстæ/Бæхмæ рæйдзысты (Къ.). 8. Фыццаг хатт ам кæддæр (уыдтæн ма уæд хæрз саби!) фыдыуæзæджы монц мæ зæрдæйы ныттагъди (Хъ.Æ.). 9. Галы фиу, - йæ бын мæхъийау/Фондз уæрдæхæй баст, - /Бур-бурид æсси фæткъуыйау, - /Афæдзваг у раст! (Къ.). 10. Уæвгæйæ та цы ’рра дæн - уырны мæ (дæн ма хъал): ис хи аууоны ’рбадæн, адзалæн ис мадзал (Хъ.Æ.). 11. Æрра мæ ма фæхонут, фæлæ мын ацы хæрис бæлас (йæ къухæй йæм ацамыдта) æрлæууын кæны мæ зæрдыл мæ ивгъуыд цард (М. Д.). 112-æм фæлтæрæн. Хъуыдыйæдтæ баххæст кæнут бавæргæ æмæ бахæсгæ арæзтытæй. 1. Æз æнæкæрон тыхджын уарзын мæ Райгуырæн зæхх! 2. Фыццаг хатт федта знаджы йæ ныхмæ афтæ хæстæг лæугæйæ. 3. Дзырддзæугæ адæймаг алкæддæр йæ хъуыддаг сараздзæн. 4. Дæлейæ, комы хуылфæй, æвæлмæцгæйæ хъуыстис доны уынæр. 5. Æз хуымæтæджы лæг дæн. 6. Куы æрбацæуай, уæд мын æхсызгон уыдзæн. 7. Цард цæрынæн у. 8. Дунейы сагъæс куы айстай дæхимæ. 9. Хъæрæугомы айнæг ихыл æнцондæр цæуæн у сæрды. 10. Стыр хæстæ æвæрд ис нæ размæ. 11. Уый æнцон нæу, фæлæ мæнæн дæр æндæр гæнæн нæ уыд. 12. Ацы цухдзинæдтæ аиуварс кæныныл нæ тагъд кæны арæзтадон управлени. 13. Кæд цæфæй нæ мæлыс, уæд дын - рæхуыст. 116
17 §. БАФТАУГÆ АРÆЗТЫТÆ Бафтауынад у синтаксисон бастдзинады хицæн хуыз. Бафтаугæ арæзт сæвзæры, «сæйраг хъуыды» (хъуы- дыйад) загъд куы æрцæуы, уæд уый фæстæ. Бахæссы йæм ног бæлвырдгæнæг хъуыды. Сæ арæзтæй вæййынц дзырдтæ, дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйæдтæ. Уыдон æвæрд фæцæуынц «сæйраг» хъуыдыйады фæстæ æмæ фысгæйæ хицæнгонд цæуынц стъæлфæй, кьæдзыгæй, бирæстъæлф кæнæ тирейæ, дзургæйæ та - цыбыр фæлæудæй æмæ бафтаугæ интонацийæ. Сæ разæй уыцы хъуыдыйадимæ, интонацийæ уæлдай, баст вæййынц фæрсдзырдтæ, хайыгтæ æмæ бæттæгты руаджы: Диссаджы кафæн бон не скодта! Нæдæр æнтæф у, нæдæр уазал! (Б. Г.); Фæхтæй хойæг у æнæуи дæр цард, лæджы уд фæхтæй хойæг. Æрмæст уæддæр аиы адæм (Г. Б.); Дон изæры дæр æрбадавдзæн. Ие та бонивайæнты (М. С); Ничи йæм дзуры. Суанг ма зæрæдтæ дæр (Ц. М.); Афтæ хуыздæр уыдзæн. Нæ дыууæйæн дæр (Б. А.); Æлдар цæра, алцæмæй дæр бузныг дæн, уæлдайдæр та нæ хæстæгдзинадæй (Æ. Ц.). Хатгай хъуыдыйады уæнгтæ лæвæрд фæцæуынц куыд хицæн хъуыдыйæдтæ. Ахæм синтаксисон арæзт хуыйны парцелляци: Цуанон æрхуыссыд зæххыл. Бамыр. Фæлæ æгасæй фестад цæстытæ æмæ хъустæ (Хъ.М.); Мæй къæдзæхты фæхстыл схылд. Сырх-сырхидæй. Иæ иалхыдзагæй. Хъæлдзæгæй (Ц. М.). 113-æм фæлтæрæн. Ссарут бафтаугæ арæзтытæ. Сбæрæг сын кæнут сæ бастдзинæдтæ «сæйраг» хъуыдыйæдтимæ. 1. Йæ лыстæг цъæхснаг хъæлæс зæлыд. Уыимæ æвзаджы къæбæл (Г. М.). 2. Ауылты æз арæх цæуын, фылдæр æхсæвыгæтты (Г. А.). 3. Ничи йæм ницы дзуры. Суанг ма зарæджы дæр. 4. Уары та мит. Фæлдзæгъдæнæй. Тъыфылтæй. 5. Бæхтæ куыннæ федтон, фæлæ ахæм... 117
Тарбынсырх. Бæрзонд. Хурты тынтæ йыл сыгъдысты (Ц. М.). 6. Рæдыд. Рæдийгæ та чи нæ кæны? Фæлæ сыл фæхæцæг уыдис. Æлæг? О, æппæты фыццаг Æлæг. Стыр хæларзæрдæ адæймаг (М. С). 7. Байрæзыди Хъусой, стыр куыдз сси, хъæбатыр æмæ тыхджын куыдз (К. А.). 8. Гъе æмæ уал цæрдзыстæм ам, стæй та бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. 9. Йæ цуры лыстæг михыл чысыл урс хæцъил конд. Урс тырыса. Састы нысан (Дз.К.). 10. - Йæ бон æм кæсын нал у. Даргъæхсар æмæ цыбыркъух (Б. М.). 11. Гъе фæлæ уыцы лæг амы цæрджытæй исчи вæййы, уæдæ æндæр чи! 12. Лæггадгæнджытæ сын - бирæ, уыдонимæ Бимбол дæр. 13. Цы дзуапп рардæуа ацы дзæбæх лæгæн? Дзуаппытæ дæр алыхуызон вæййынц, сæ иутæ æнæ дзуаппæй фыддæр сты. Фæлæ ацы лæг зæрдиагæй фæрсы. Йæ сыгъдæг зæрдæйæ. 14. Адæм куыд æнхъæл уыдысты, хæст афтæ тагъд нæ фæцис. Ныддаргъ. Азæй-аз фылдæр адæм сæфтысты йæ æнæбын гуыбыны (Дз.К.). 15. Дзурын æм нал уæндыд. Дзурын дæр чи уæнды. Уыйбæрц æдæрсгæ æррамæ! 16. Цы фæци мæ зæхх? Хæрнæгæн, дам, бахъуыд... Цу, исты сын зæгъ! (Къ.). 17. Тачанкæйæ рагæпп кодта æмбискар афицер. Бимболаты фырт. 18. Кæд дæм исты ныхасаг ис, уæд уартæ бæлæсты бын абадæм. Сатæг, сыгъдæг уæлдæф (Дз.К.). 114-æм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут, бафтаугæ арæзтыты ног хъусынгæнинаг ис, æви сæйраг загьды хæйтты мидис бæлвырддæр кæнæ æххæстдæр кæнынц. 1. Æгъдау æгъдау домы: райстон ын йæ къух. Замманайы фæлмæн æмæ уæздан армытъæпæн. Ноджы ма фæлмæн мидбылхудт (Г.). 2. Мæ судзгæ мæрдтыстæн, райсомæй зарын куы сисы, уæд ме ’взонджы бонтæ кæд мæ зæрдыл не ’рлæууынц. Цымæ кæмдæр æрыскъæфдзуаны фестын. Кæнæ хосдзаутæн хæринаг фæцæйхæссын (Ц. М.). 3. Афтæ хуыздæр уыдзæн. Нæ дыууæйæн дæр. 4. Ныртæккæ йын радзурдзынæн æппæт дæр. Алцы! Алцы! 5. Никæмæй ницы дарын. Æрмæст дæуæй, гыцци. 6. Фæлæ уый уыд мады 118
фæлмæн уайдзæф. Æмæ йе стыр æууæнк... 7. Сывæллæттæ дæр дзæбæх, уæлдайдæр та лæппу - фыры хъулы хуызæн (Б. А.). 8. Сыздæхти æндæр лæгæй сæхимæ. Æхсæст æмæ æвзыгъд гуырдæй. Асæй бæрзондгомау. Хæрзконд. Гуырвидауц (Б. М.). 9. Уый фæстæ йæм æрбайхъуыст Таймуразы зарæг. Стæй та Уастырджийы зарæджы æхцон зæлтæ. 10. Ды мæ зæрдæмæ цæуыс. Ныфсджын, хъаруджын дæ (Г.). 11. Леуахи абухы, фыцы. Ивылд у. 12. Мæстджын. Дæ мастæй, Аминæт! (Б. А.). 13. Арс æргомæй цæуы хъæумæ æмæ давы, скъæфы фос. Нæуæд сæрвæтты цы фыдмитæ кæны? 14. Мæлæты тасæн мæ кой, йæ хъæр дæр никуыуал аззад. Æрмæстдæр фын, фæлмæн æмæ адджын фын (Ц. М.). 15. Вæййы сырхбын бур настæ, афтæ дыууæ путмæ æввахс сæ уæз (К. А.). 16. Талынг адæм стæм нырма, нæ ныууагътам нæ кæнон (Хъ.С). 17. - Гъе уый дын гуырд, нæртон гуырд! - Солтанæй раппæлыди Хасæхъо дæр. 18. Æцæг лæджы бындзæфхад. 19. Цæрдæг æмæ æнæзивæг (Т. Ю.). 20. Диссаджы харбыз рауад. Лæхурæг, хæрзад, донджын (Дз.М.). 21. Æз иу уафсы мыггаг зонын. Цас ыл фылдæр æмæ арæхдæр цæуай, уыйбæрц бæзджындæр æмæ фидардæр кæны. Сындз дæр дзы нæ ныхсы. Стæй йæ дур дæр нæ тыхсын кæны. Æрмæст пысыра фыдуаг у. Уый уæле уæлфадмæ æвналы. Уый фæстæ уæлфад аных, уæд ыл къуызыртæ рауайы (Б. Г). 22. Разитæ ма уæд та куы уыдаид хæдзары. Уæддæр сылгоймаг. 23. Æмæ, æцæг, хъæумæ нæма схæццæ сты, афтæ дымгæ сыстад. Тыхджын, фыдуаг дымгæ. 24. Иу ран йæ къæхты бынæй мыст асæррæтт кодта. Тымбыл бур мыст. Саурагъ. Чысыл æддæдæр хæмпæлты фæмидæг. 25. Хъуыддæгты лæг уыди Мырзахъул. Бæлццон лæг. Æмбисæхсæвтæм-иу баззад. 26. Уыдзæн дзы алцыдæр: хъазт, зард, арфæтæ. Суанг ма мыдыкъус дæр. Æд къухылхæцæг, æд æмдзуарджын (Ц. М.). 27. Фондзæхстон систа. Ныхъхъавыд. Уый дын дур. Уый та къудзи. Лæппуйы цонг (М. С). 119
115-æм фæлтæрæн. Дæнцæгтæм гæсгæ бамбарын кæнут бафтаугæ æмæ парцелляцигонд арæзтыты хицæндзинад. 1. Цуанон æрхуыссыд зæххыл. Бамыр. Фæлæ æгасæй фестад цæстытæ æмæ хъустæ. 2. Лæппу йе ’нгуылдзтæ, йæ буарæй фæхатыд, йæ нуæрттæ куыд фæтынг сты. Бирæгъ куыдзæн. Стæй ныррæйдта уынгæг, фæдисы хъæлæсæй. Лæппуйы хъæбысæй агæпп кодта. миты ныхсы, фæлæ йæхи æппары размæ. Хатт фæлæууы. 3. Фестад. Мæнæ æрбахæццæ сты уымæ дæр. Йæ хъæубæстæ. Лæгтæ. Лæппутæ. Сабитæ. Зæрондæй, сылгоймагæй. Се ’ппæт дæр - тыхст. 4. Алмас тагъд нæ кодта. цыд сабыргай. Пыхсбынты. Цæст ыл куыннæ схæца. Сыфтæрты сыбар-сыбур куыннæ цæуа. 5. Адæм хæлдысты фынгæй. Исламы куывды фынгæй (Хъ.М.). 6. Ныддихтæ Афайы зæрдæ. Йæхи хойы риуы гуыдырыл. Сабыр æй кæны Афай. Нæ кæсы йæ коммæ. Нал æм хъусы. Æддæмæ йæм дзуры. 7. Иннæ къуыри нæм зындзæн. Дзуапмæ. 8. Ахæм бæхыл бадти йæ бафхæрæг! Цæргæсы хуызæн! Йæ мидбынат кафыди. Дзагъултæ кодта. 9. Æмбырдæй нæ ракодта, уæддæр æм ницы сдзырдтам. Фæндагыл дæр. 10. Фыркатайæ афынæй Æлдар. Нымæты тыхтæй. Бæхмæ хæстæг (Ц. М.). 18 §. СИДÆН Дзурæджы ныхас цы предметмæ, адæймагмæ арæзт вæййы, уый æвдисæг дзырд хуыйны сидæн. Сидæнтæ хъуыдыйады иннæ уæнгтимæ грамматикон æгъдауæй баст нæ фæцæуынц. Уыдон загъд вæййынц дзырдтæй кæнæ дзырдбæстытæй æмæ фæлæууынц хъуыдыйадæн йæ алы хæйтты: райдайæны, астæу, кæрон. Зæгъæм: Лæппу, ды Нарты Батрадзы нæ зоныс? (Н.к.); Мæ зæрдыл дæ дарын цы ныфсæй фæразон, мæ райгуырæн бæстæ, мæ фыдæлты зæхх? (Къ.). Сидæнты ролы вæййынц адæймæгты, æнæуд предмæтты, 120
æрдзы фæзындты нæмттæ, хæстæгдзинад, кар, дæсныйад, æнкъарæнтæ æ. æнд. Сидæнтæ загъд вæййынц номдартæ æмæ миногонтæй номдары ролы номон хауæны формæйы. Сидæны фæрцы равдисæн вæййы ныхасгæнджыты ахастдзинæдтæ, сæ кар, сылгоймæгтæ сты æви нæлгоймæгтæ, дзурæджы зæрдæйы уаг, йæ мидкультурæ æмæ æхсæнадон уавæр. Æнæзонгæ ацæргæ адæймæгты æргом раздахыны тыххæй ирон æвзаджы спайдагæнæн ис ахæм сидæнтæй: нæ фыды хай, нæ мады хай, не стыр фыды хай (зæронд лæгмæ^), не стыр мады хай (зæронд усмæ/ Бирæ бинонты ’хсæн ус йæ къаймæ бадзуры уæртæ лæг кæнæ нæ лæг, зæгъгæ, лæг та фæзæгъы не фсин, уæртæ ус. Се ’мрæнхъ пайда кæнынц хуымæтæг ныхасы фæрæзтæй дæр: усай, лæгай. Ныййарджытæ, сæ цотмæ дзургæйæ, арæх спайда кæнынц ахæм сидæнтæй: уæртæ чызг, уæртæ лæппу - кæнæ сын фæзæгъынц сæ нæмттæ. Фехъусæн вæййы уырыссаг æвзагæй ист сидæнтæ: мамæ, папæ, бабу, деду хи æвзаджы дзырдты бæсты: баба, нана, дада, æна. Хорз зæрдæйы уаг æмæ уæздандзинад æвдисыны фæрæзтæ сты æнæзонгæ адæймæгтæм здæхт сидæнтæ: æфсымæр, нæ хо æ. æнд. Ирон æвзаг хъæздыг у аргъгæнæг нысаниуæг æвдисæг сидæнтæй: мæ хур, мæ хуры чысыл, мæ кьона, мæ цæстырухс, мæ цæст, мæ рахиз цæст, мæ дуне, мæ хур акæнай, мæ цæст акæнай, мæ зæрдæ, мæ цард, мæ тæрхъус æмæ бирæ æндæртæ. Ранымад дзырдбæстытæй равдисынц рæвдауæн ахаст искæмæ кæнæ истæмæ. Фæлæ сидæнты фæрцы адæймаг равдисы уайдзæф кæнæ йæ маст дæр, йе нæразыдзинад, æнæрвæссондзинад, хынджылæг кæй кæны, уый æ.а.д. Зæгъæм: уæртæ ныгуылинаг (хистæр - кæстæрмæ), æнæнтыст, мæлинаг, Саламты хъал чызг, Уарзиаты буц хъæбул æ.а.д. Сидæнты мидис фæтыхджындæр кæнынц хайыгтæ о, гъе, уæ, гъей. 121
О мæ ныййарæг, æвзаргæ тын ма нывæнд, - /Цухъхъатæ дарæн мын нæй (Къ.); Усе Гаги, цæуылнæ нæ ауадзыс (С. Л.). Сæ арæзтмæ гæсгæ сидæнтæ уæлдай алыхуызон сты дзургæ ныхасы æмæ адæмон сфæлдыстады. Официалон ныхасæн ис йæхи сæрмагонд сидæнтæ: æмбал, æмбæлттæ. Сидæнимæ арæх æмбæлынц æмбарынгæнæн дзырдтæ (бæрæггæнæнтæ). Æмбарынгæнæн дзырдтæ цы сидæнимæ вæййы, уый хуыйны даргъгонд сидæн. Зæгъæм: «Мæ хорз æмгар, - сдзырдта уæлæмæ быдырон дидинæг, уынын дæ, рæсугъд сфæлыстай дæхи, диссаг рæсугъд!» (Г. Ц.); Цæйут, æфсымæртау раттæм нæ къухтæ абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ! (Къ.). Сидæн арæзт вæййы дзурæгæн йæхимæ дæр: - Гъæйтт, мæнæй уый. дæ хъуыддаг та фæбыры (Б. У). Æрхæцæн нысæнттæ сидæнтимæ Сидæны хъуыдыйады иннæ дзырдтæй кæддæриддæр хицæн кæнын хъæуы æрхæцæн нысæнттæй. 1. Сидæн хъуыдыйады райдайæны куы вæййы, уæд йæ фæстæ æвæрын хъæуы къæдзыг кæнæ хъæры нысан. Хъæры нысан æвæрын хъæуы уæд, æмæ сидæн уæлдай хъæрдæрæй зæгъын куы фæхъæуы, тыхджын æнкъарæнимæ йæ куы фæзæгъæм. Сидæны фæстæ хъæры нысан куы вæййы, уæд, йæ фæстæ цы дзырд вæййы, уый райдайын хъæуы стыр дамгъæйæ: О Бурсамдзели, хæхты хох, бæрзонд Сыгъдæг Бардуаг! Табу дын уæд æхцонæй (Дж.Ш.). Æнгуырдар-дзывылдар! Кæм хæтыс зымæг? (Къ.). Æмбæлттæ! Æнауæрдон тох хъæуы знаджы ныхмæ. Нæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй фæластон мæ сау зæрдæ дард... (Къ.). 2. Хъуыдыйады мидæг астæуæй æвæрд цы сидæн вæййы, уый дыууæрдыгæй дæр хицæн кæнын хъæуы къæдзыгтæй: Дæ мидбылты худт, дæргъæрфыг рæсугъд, фæскъæвда хур бон у лæгæн (Къ.). Мæхæдæг дæр абон æрвитын мæ арфæ зæрдæйæ, цъæх 122
нымæт, зæрдæйæ, дæуæн (Ниг.). 3. Сидæн хъуыдыйады кæрон æвæрд куы вæййы, уæд йæ разæй æвæрын хъæуы къæдзыг, йæ фæстæ та - стъæлф, хъæры нысан кæнæ фарсты нысан, цавæр хъуыдыйад уа, уымæ гæсгæ: Æмбырдмæ рацæут, æмбæлттæ; Ды знон къласы цæуылнæ уыдтæ, Замирæт?; Куыд хорз ленк кæныс, ме’мбал! 4. Сидæны разæй куы вæййы тыхджындæргæнæн хайыгтæ о, уæ, гъе, уæд уый сидæнæй æрхæцæн нысанæй хицæн кæнын нæ хъæуы: Æмæ хъус мæ сидтмæ, байхъус, о мæ хойы хай, дзæбæх (Н.). Гье не ’фсин, махæн дæр нæ рагуалдзæг ахæм куы уыдаид, уæд афтæ мæгуыр уаиккам? (Г. Ц.). 116-æм фæлтæрæн. Бакæсут æмдзæвгæ. Ссарут дзы сидæнтæ. Мæ хæлар, мæ уарзон, æнæзонгæ уарзон!/Цы номæй дæм бадзурон, уый ма мын зæгъ?/Мæ зæрдыл дæ дарын цы ныфсæй фæразон,/Мæ райгуырæн бæстæ, мæ фыдæлты зæхх?/Мæ райгуырæн бæстæ!/Дæ айнæг къæдзæ- хæй,/Дæ фидар, фæлтæрд риуæй хъусын хъæрзын..../Мæ хæлар, мæ уарзон! Дæлзæххæй, уæлзæххæй/Кæмдæрид- дæр дæ, - тагъд мæ хъæрмæ фæзын!../Хъæр мæрд- тæм дæр хъуысы; куы бамбæхсай барæй,/Уæд усы кæр- дæны мыккагмæ фæхæт!../Мæ мæгуыр Ирыстон! Æр- цæуæг æлдарæй,/Тыхгæнæг хæддзуйæ дæ ма уæд, ма, мæт?/Тыхгæнæг хæддзумæ кæд искуы фæндонæй,/Æу- уæнкагæй раттай, рæстæнхъæл, дæ бар?../Мæ хæлар, мæ уарзон! Ныммæл мын фæсмонæй,/Ды искуы хæддзуйæ куы скæнай æлдар!.. (Къ.). 117-æм фæлтæрæн. Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Ссарут сæ сидæнтæ æмæ сын сæ быны бахахх кæнут. 1. Цæй-ма, Батуйы чызг, иууыл мах æфхæрыны куыст кæндзыстут (Дж.Н.). 2. Батырбег, ды дыууæ туманы куы нæ раттай, уæд дæ æз хицауады къухмæ адæтдзынæн (К. А.). 3. Фендзыстæм, Батырбег, кæддæра дзы цы рауаид! (К. А.). 4. О Тедо! Цы ныхæстæ ракодтай, уыдон ацу æмæ 123
дæ фыртты сывæллæттæн радзур! (К. А.). 5. Æз дæ куы зонын, Тедо, æмæ Арвыкомыл иу хатт дæр куы нæ ацыдтæ (К. А.). 6. Нæ, Тедо, уый Гарсеван нæ уыдис, фæлæ йæ фыд Росеб уыди (К. А.). 7. О Симона, Симона! Уыйас бæзджын нард хъыбыл нæ, фæлæ ас хуы дæр нæ уыдзæн (К. А.). 8. Уый афтæ у, Хъайсынон, мæ хур, фæлæ кæстæртæй æвæгæсæг куы уай, «мæн у» зæгъæг дын куы ничи уа, уæд уый зæрдæйæн ноджы хъыгдæр у, мæ бон (Дж.Н.). 9. - Гъе лæппу, - фергом лæг, - ам мæ кæм баййæфтай, уым дын мæ дисссаг зæгъдзынæн (Къ.). 10. - Гъе æрра лæппутæ! - лæг та сæм радзырдта. - /Чи уыд, кæд уый бæрæг кæнут æцæг, уæд уый ныр къаннæг сывæллон дæр базыдта... (Къ.). 11. Хæххон чызг, дæ цинмæ æз зарын мæ зардæй дæ цæсгомы рухсæй мæ зæрдæ срухс (Б. Б.). 12. Æз бузныг дæн, æндон дзæбуг, зæрдæбынæй дæуæй (Б. Б.). 13. Æмбæлттæ, иууылдæр къæрцхъус ут, знаджы хин митæ ма рох кæнут. 14. Фæллойгæнæг адæм! Мæ уарзон, мæ райгуырæн бæстæ! Уæ намысджын тохæн дæттын æз мæ бонтæ, мæ зард (Г. Ан.). 118-æм фæлтæрæн. Рафыссут хъуыдыйæдтæ, сæвæрут æрхæцæн нысæнттæ, сидæнтæ бацамонут. 1. Æри мæнæн домбай лæджы хъару мæ бæстæ æмæ рæхджы бонты нæ фæзтæ æхсæв дæр ирд боны хуызæн æмхуызон сæрттивой мæ рухсæй (X. Я.). 2. Æгас цæуай лæппу! Æгас цу ды дæр нæ уазæг гæлæбу дзæбæхæй мын цæр!.. (X. Я.). 3. Нæ фæсивæд нæ цæхæрцæст кæстæртæ æрбамбырд ут æрбайхъусут дзæбæх мæнæн дада цы диссæгтæ фæдзырдта гъе уыдон уын мæ фæндырæй цæгъдын (П. X.). 4. Уалдзæг æз дæ курын ратт нæ адæмæн дæр цард! (Г С). 5. Искуы чи зоны дæхимæ дæр æрхауа уыцы мæт. Æццæй нæ Цъæхилон? (Дж.Н.). 6. Мæрдтыл тыхсын хорз у чындзытæ фæлæ æз удæгасæй мæ хæдзары чи ис уыдоныл куы батыхсин уæд цыма хуыздæр уаид афтæ мæм кæсы (Дж.Н.). 124
119-æм фæлтæрæн. Ацы хъуыдыйæдтæ раивут, сæй- рæттæ сидæнтæ куыд суой, афтæ. Хуызæг: Кусджытæ æххæст кæнынц сæ хæстæ хорз. - Кусджытæ, æххæст кæнут уæ хæстæ хорз. 1. Цъæх арт æмæ фæздæг гуылфæн кæнынц. 2. Студенттæ ахуыр кæнынц æнæзивæгæй. 3. Адæм райсомæй тынг раджы араст сты быдырмæ. 4. Зæлдаг зæлтæ хуры тынтыл дзинг- дзинг кæнынц 5. Фаризæт знон хъазтизæры цæуылнæ уыдис? 6. Кæд ацæудзысты скъоладзаутæ экскурсийы ног заводмæ? 7. Ахуырдзаутæ стыхджын кодтой кæсæндоны куыст. 8. Габо къулы газетмæ ныффыста уацхъуыд. 9. Пыхсгæрон, къудзиты цæрынц сырддонцъиутæ æмæ хъазынц, рыгты бæгъдулæг кæнынц. 10. Абон, фæссихор, 5 сахатыл, æрæмбырд уыдзысты университеты методикон советы уæнгтæ. 11. Сæрдар мын радта дзырды бар. 12. Лæппу кæсы «Ирон фæндыр». 13. Хосдзаутæ зарынц быдыры. 14. Чызджытæ иту æвæрынц сæ къабатыл. 15. Хæххон уæлдæф рог кæны адæймаджы уæнгтæ. 16. Тути архайдта равдыстыты æмæ ерысты, иста хæрзиуджытæ. 17. Ног чындз боныцъæхтыл æппæты разæй фестад, хæдзары куыстытæм бавнæлдта. 120-æм фæлтæрæн. Ссарут сидæнтæ æмæ сæ фæнысан кæнут. Цухгонд æрхæцæн нысæнттæ сæвæрут. 1. Табу кæнæм нæ Сыгъдæг хох дæуæн, дæ дæлбазыртæ ма фæуæнт æдзæрæг./О рухс Бардуаг мæ кувинаг дын — барст/Бæзнаг хъугæмттæ макуы суæнт зæрæстон./Æрлæуу мæ гыццыл хур æрлæуу,/Æз дæ мæ зæрдæйы нывæрон./Ма мæм худ сау чызг, - кæндзынæн фæсмон,/Амондæй ма кæн фыдæнхъæл мæ зæрдæ (Дж.Ш.). 2. Мæ хуры чысыл Алымæт рауай-ма, ардæм, рауай! Æнæбары Михал æнæбары. Æхца мæ æхсызгон хъуыдис æмæ уый æнæбары. Уый дын дæ фæллойы аргъ Тотырадз - загъта сауджын, къух æртæ сомимæ радаргъ кæнгæйæ (К. А.). 125 9 Заказ № 53
3. - Куырм Бибо - дзырдта йын, - хæтыдтæн æз бирæ Кæсæджы, Цæцæны, Мæхъæлы, - уæддæр/Нæ федтон дæ хуызæн, нæ федтон æз уым дæр куырм Бибо дæ цагъдæй, дæ зардæй хуыздæр!. Цæвæрдта йæ фæндыр, уый райста бæгæны,/Уый загъта уым афтæ: - Æгас уæд дæ сæр/Нæ фысым фæрнæйдзаг! Сыстад уым Бибо æд нуазæн: - Ды нæ фæтæг Иры ’хсар! Ды дæ кардæй дард æрбарстай Ирæн й’ арæнтæ дзæвгар. Рухсаг ут мæрдты æмгæрттæ,/Немæ нал ыстут сымах. Кæхц райсы йæхимæ йæ хъан æмæ зары: - Дæ нуазæн исын гъе Сары фырт æз! (Къ.А.). 4. - Мæ хорз æмгар - сдзырдта уæлæмæ быдырон дидинæг, - уынын дæ, рæсугъд сфæлыстай дæхи, диссаг рæсугъд. - Нал мын аирвæздзынæ ныр, - зæгъы хæлуарæг, - сихорæн мын ысбæздзынæ ахæм дзæбæх бон æвзæр дывдывгæнаг дзæгъæлдзу мыдыбындз. Дæ кардæй ирхæфсыс дæхи Гæба мæ хъæбул, Дæхи дзы хъал кæныс, фæлæ кæд уыдзæн, кæд? Кæд фæуыдзысты, кæд дæ хæстытæ, уæ лæбурд? Æгъгъæд уын у Гæба (Г Ц.). 5. Денджызы хъазау - дæ урс дæллагхъуыр,/Хуссайраг калмау - дæ сау æрфгуытæ,/Дæ нарæг астæу, дæ худгæ былтæ!/Ей, рæйдæ-рæ нанайы буц чызг... Барæг рагæпп кодта йæ бæхæй, хъæр кæны хъæлдзæгæй: - Уазæг нæ уадзут Убатæ? - Уазæг - Хуыцауы уазæг Хъауырбег!.. Марадз чызг айс уазæджы бæх (Хъ. Соз.). 6. Нæ мæ лæппу æз зæронд ус дæн. Уыцы хорзы мын бацу мæ хъæбул, æркæн сывæллоны æмæ йыл мæхи ирхæфсон. Дзедзырой кæн мæ хойы хай дзедзырой иронвæндаггæнæг усау, дæ сæр дыууæрдæм тил æмæ дзыназ... Æй усгур афтæ æнхъæлыс, гомгæрцц æмæ бæгъæмвадæй куы цæуай, уæд дæ къæхты сау ссæудзæн. 126
Цæй гæмми рувас дæ дзырд фод, дæ къæбæрсайæн æвзаг мыл мауал радау-бадау кæн, фæлæ сæгъмæ базил (Дж.Н.). Фæлхат кæныны æрмæг 121-æм фæлтæрæн. Сæвæрут хъæугæ æрхæцæн нысæнттæ. Бамбарын сæ кæнут. 1. Æз кæй зæгъын æй хъæуы хорздзинадмæ нал æнхъæлмæ кæсын, уымæн æмæ, кæрдзын куы асæтта, уæд æй баныхасын зын у; мах хабар дæр афтæ у (Е. Т.). 2. Райсом æвæццæгæн диссаджы бон скæндзæн - уæлиауæй æрзæбул сты сыгъдæг æхсад ставд стъалытæ æмæ тыбар- тыбур кæнынц. 3. Тæхудиаг уыцы дыууæ цæстмæ мæйрухсы чи ныккæсы. 4. Цæй зын у æвæдза цæрын. 5. Æмæ дзы цанæбæрæджы уæд цытæ ’рцыдаид, мæ цæстызул уæм куы дардтон æз дæр? (А.). 6. Уæйыг кæй зæгъын æй хъæуы, зæххыл ныппырх ис. Дæ Хуыцау дыл куы рахатт сæрæй (А.). 7. Дæ хъуыддаг раст: уый тыххæй мæм фæсидт æвæццæгæн. 8. Дæ цæрæнбон бирæ ’гайтма мæ цуры æрбадтæ, уыййеддæмæ æнкъардæй цы фæуыдаин. 9. - Кæс-ма уыцы æнæнтыстмæ! - фæтъæлланг ласта Дзæнæт. 10. Бауырнæд дæ аст мæйы йыл нæма сæххæст, афтæмæй баззад сывæллон мæ хъæбысы. 11. Алæ-ма, мæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп райсоммæ дæр нал ссæудзæн (X. С). 12. Кæфхъуындар доны ныббадти дæ нывонд фæуон. 13. Цом дæ бон ныккалай æмæ сын исты хос кæнæм (А.). 14. Рагæй æмхиц у нæ уæздан мыггагмæ Хъримаг, йæ хицау фæкæна дæдæй! (Къ.). 122-æм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут бавæргæ конструкцитæн сæ синтаксисон арæзт: дзырд, дзырдбаст, хъуыдыйад. 1. Цыма тынг раст, тынг сыгъдæг адæймаг у, æмæ мæнæн та царды уымæй зынаргъдæр ницы и. Æнæмæнг, хъуамæ ахæм уа мæ хъæбулы фыд. Мæхæдæг цавæр адæймаг дæн, чи зоны. Æппынфæстаг зонгæ-зонын æвзæрдзинад никуы 127
никæмæн сарæзтон, мæ зæрдæ æвзæрдзинад никуы никæмæн загъта (А. Г.). 2. Раст зæгъгæйæ, мæхицæн дæр фыццаг мæ хъуыддæгтæ ницы уыйас хорз цыдысты. 3. Æвæццæгæн- иу æхсæвыгæтты мæ цæстытыл уымæн уадис алыхуызон æвирхъау нывтæ (С. Р.). 4. - Фарн уæ хæдзары æмæ уæ райсом хорз. 5. Цыбырæй йæ зæгъæм, Бибо стырзæрдæ лæг уыди хицæутты ныфсæй (Г. С). 6. Кæддæр бæргæ стыр хъаруйы хицау уыд. 7. Уæвгæ, дам, чысыл фæрæт стыр бæласы дæр афæлдахы (Æ. Æ.). 8. Педагогон наукæтæн, ай-гъай, сæ егъау ахадындзинад уым ис, æмæ адæймаджы удыхъæды гуырымыхъдзинæдтæ слæгъз кæнынц (М. В.). 9. Ды дæр, æнхъæлдæн æмæ, чысыл фæрæвдздæр дæ, Фырдæ. 10. Æрмæст дæхиуыл чысыл фæцауæрд, дæ рынтæ бахæрон, дунейы хъуыддæгтæ ды куыд сараздзынæ (М. Д.). 11. Раджы фестагмæ, дам, фарн кæсы (А. Г). 12. Дæ хорзæхæй, фæтындз нæ фыд, изæр у (Ш.). 13. Ныллæг ауæзт, мæнмæ гæсгæ, зиан æрхæсдзæн. 14. Бахатыр кæн, Хъасай, мæхи зондæй быдырмæ фæдисон арвыстон. 15. Уалæ арв, мæнæ зæхх, æгад ми йæ сæрмæ не ’рхæсдзæн. 16. - Ныхас мæ ис дæумæ. - Табуафси, фæлæ цæй фæдыл? 17. - Хатыр дæ курын, мидæмæ дæр дын нæ загътон. - Бузныг. Искуы нын хуыздæр фадат фæуыдзæн (М. С). 18. Афтæмæй та - диссæгтæ, диссæгтæ! - афтæмæй та иу иннæйы зонд раст зондыл нæ нымайы æмæ йын æй йæхирдыгонау рæстытæ кæны (Г Б.). 19. Æртиссæдз азы ауæдзыл фæцыдтæ (зæххы алыварс цал зылдæн уыд фаг?). 20. Дæ фæллой дын куы фæчындæуы къахыр - нæ фæкæсыс (пехуымпар лæг!) тæргай (Хъ.Æ.). 123-æм фæлтæрæн. Бамбарын кæнут, цæмæй хицæн кæнынц кæрæдзийæ бавæргæ æмæ бахæсгæ арæзтытæ. 1. Ныккæндæн фæстæрдыгæй цы иунæг рудзынг уыди, (фæззæг-иу æй къæйдурæй бахгæдтой), уый цур алæууыди (Б. Гр.). 2. Уæ, дæлæмæ фæуай, мæнæ лæг, кæдмæ 128
скъæтхафæг уыдзынæ, кæ, зæронд цъаммарæн, æви мæнау ды дæр æнæхæдзар дæ? (Б. Ч.). 3. Уалдзæг æрцыд... Иу дзырдæй, зындон дзæнæт фестади (Г. С). 4. Иу бон Чермен скъолайæ цингæнгæ бауади сæ хæдзармæ æмæ, кæрты дуарæй куыддæр бакаст, афтæ бадзырдта Хасанбегмæ (йæ фыд дæр кæрты лæууыди, фæлæ уый æрдæм дзурын нæ бауæндыди) (М. Д.). 5. Автор дуне, адæмы, æхсæнадон царды куыд æмбары, æрмæг (царды фæзындтæ, типтæ, характертæ), уымæ гæсгæ æвзары, аргъ сын уымæ гæсгæ кæны (Дз.Т.). 6. Ахæм стъæлфт дзы фæкодтон, æмæ мæ, æвæццæгæн, саргъы бæхыл дæр нæ баййæфтаид (Ц. М.). 7. - Æвæдза, фыдæлтæ раст загътой, - хъуыды кæны зæронд ус, - фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы. 8. Бæргæ, куы ма сыздæхтаид Аслæнбег, фæлæ йæ хъысмæт ахæм уыд, æвæццæгæн (Ч. Æ.). 9. О, хуыцау дын æй ма ныббара, мæ куыдз кæйдæр бакъуыхтæ кодта (Æ. Дз.). 10. Дæхи загъдау, сыкъа мын нæй, æндæра дæ ныртæккæ фæпуси кæнин (Дж.Н.). 11. Бахатыр мын кæн, дæ хорзæхæй, мæ хойы хай, иу чысыл мæ ныхасаг ис Азауимæ (Дж.Д.). 12. Дæн куыствæллад уазалæй, æнтæфæй (Ме Скæнæг, мæ цæрдтытæ фæкæ!) (X. 3.). 13. Нæ рæдыдтытыл та мæсты куы кæнæм (алчидæр рæдийы, æппын чи ницы аразы, уый йеддæмæ), уæд не снывыл уыдзыстæм никуы (Б. Г.). 14. Кæсыс, куыд хæрзхуыз æмæ хæрзконд у! 15. Ме ’фсымæр Арсæмæг ма уæд хæрз чысыл уыдис (ныр та æнæхъæн колхозы сæрдар у). 16. Карчы цъиуæн уæ бон мацы бауæд! (Дзæбæх карчы цъиуы фæстæ, зæгъын, нæ рацыдыстут). 17. Гаврил Хамицович (æз ныртæккæ куыд зæгъын, афтæ), куыд сыл дæм кæсы Лизæ Петровнæ? (М. Д.). 18. Йæ тæмæн у (йæ кульминаци) Отеллойы сомы. 19. Цагъар та, Гомеры загъдау, у зивæггæнаг, æгуыдзæг æмæ тæппуд. 20. Æрдзы фæзындтæ (арвæрттывд, хур, дымгæ, дон) уыдонмæ кастысты удджын. 21. Дзырдаивады - фольклор æмæ литературæйы - зынгæдæр уацмысты сюжеттæ арæзт сты фыдракæнд æмæ маст исыны 129
историйæ (Дж.Ш.). 22. Мыййаг, кæд дзырдхæсджытæ сты, зæгъгæ, дыууæйы дæр бал йемæ ракодта (Ф. Къ.). 23. Гормон, цæуыл дæхи фыдæбонæй марыс? (Дз.К.). 24. Уæ хорзæхæй, барвæссут сыл æмæ нæ мыггагæн бар раттут ацы æнкъард кæртмæ. 25. Цæуынц та дарддæр, уæдæ цы (Хъ.А.). 124-æм фæлтæрæн. Бацамонут вазыгджынгонд хъуы- дыйæдтæ. Зæгьут, цæмæй вазыгджынгонд цæуынц (æм- хуызон уæнгтæй, бавæргæ æмæ бахæсгæ арæзтытæй, сидæнтæй). Фæрæт Уæлладжыры комы, Нузалы хъæуы, цардис адæмæн æмбисонды дæсны куырд Тотиты Авдаки. Уый конд кард æмæ фæрæт къуымых нæ кодтой, йæ конд цæфхæдтæн та баихсийæн нæ уыд. Æмæ цыфæнды дзаума дæр ма скодтаид Авдаки - æртыскæн уа, фыдис, арынгхафæн, суанцъы, - адæймаг сæм кæсынæй не ’фсæст. Йæ кой хъуыстгонд уыд æгас комы дæр, æмæ йæм алы хъæутæй цыдысты чи ног дзаума саразыны, чи та зæронд дзаума банывыл кæныны тыххæй. Никæмæн хæлæг кодта йæ къухты фæллой. Уæды рæстæджы Уыналы царди алæмæты хъаруджын, къæдзæхы йас лæг Годжиты Пойдæ. Иу райсом Тотиты Авдакийы дуармæ йæ бæхæй æрхызт Пойдæ. Йæ размæ рацыди Авдаки. Дыууæ лæджы кæрæдзийыл бацин кодтой, æмæ Авдаки ныллæуыд, мидæмæ нæм рацу, зæгъгæ. Пойдæйы нæ фæндыд бинонты батыхсын кæнын, Авдакийы йæ куыстæй бакъуылымпы кæнын. Хатыртæ куырдта Авдакийæ, фæлæ йын уæд Авдаки афтæ зæгъы: - Годжийы-фырт, дæлæсыхæй не суадтæ, уæлæсыхæй дæр мæм не ’руадтæ. Æндæр хъæуæй мæм æрбацыдтæ, мæ дуармæ саргъы бæхæй æрхызтæ. Мидæмæ нæм рацу, баввæрс нæ цæхх, нæ кæрдзыныл. Пойдæ ницыуал загъта, бацыди хæдзармæ. Арфæ ракодта 130
бинонтæн. Хæдзары ’фсин дыууæ лæджы раз авæрдта фынг хæрд æмæ нозтимæ. Сæ уæлхъус балæууыд, дыууадæс азы кæуыл цыд, ахæм лæппу сыкъатæ æмæ цайданимæ. Иу сидт, иннæ сидт, иу хабар, иннæ; æмæ уæд Пойдæ ской кодта йæ цыды сæр. Райдыдта афтæ: - Авдаки, зонын æй, хорз лæг дæ, адæмæн уарзон адæймаг. Куырдæй та, æмбал кæмæн нæй, ахæм дæсны. Фæлæ дæм иу аипп ис, иу аипп. Æнæрхъуыды лæг дæ, æнæрхъуыды... Авдаки стыр дисимæ комкоммæ касти Пойдæмæ. Уый не ’мбæрста, цæмæн ын уайдзæф кæны Пойдæ, цы байрох кодта, цы не ’рхъуыды кодта. Пойдæ йæ ныхас кодта дарддæр: - Куы зæгъын - адæмæн æмбисонды куырд. Де сконд дзаумæтты кой кæнынц хохæй, быдырæй. Фæлæ, гормон, Авдаки, афтæ куыд никуы ’рхъуыды кодтай, афтæ, Годжиты Пойдæйæн йæхи аккаг фæрæт скæнон, зæгъгæ? Авдаки исдуг дисгæнгæйæ касти Пойдæмæ, стæй йыл худæг бахæцыд. Æрæджиау афтæ зæгъы: - Æмæ æз цæмæй хæйрæг дæн, æз цæмæй зонын ардыгæй Уыналмæ, уым Годжиты Пойдæйы фæрæт хъæуы, уый. - Фæрæт мæм ис, - дзуры Пойдæ - фæлæ мæнæ ацы къухты уыдон сывæллæтты хъазæнтæй уæлдай ницы сты. Пойдæ йæ дыууæ къухы ’вдисы Авдакимæ. - Омæ, Пойдæ, кæуыл уыныс ахæм дзæмбытæ, кæуыл? Æнгуылдзтæ нæ, фæлæ золочъитæ, цæнгтæ нæ, фæлæ хъайвантæ. Цæмæй дæ хастой уагæры, цæмæй? Афтæ хъазæн ныхæстимæ фынджы кой дæр кодтой, фæлæ иу рæстæджы Авдаки афтæ зæгъы Пойдæйæн: - Уæдæ, зæгъыс, фæрæт? Пойдæйы аккаг фæрæт? - О, фæрæт. Пойдæйы аккаг фæрæт, - дзуры йæм Пойдæ. - Гъемæ хорз. Фæрæт æмæ фæрæт! Ау, уый фаг нал суыдзæн Авдаки? Абон майрæмбон у, иннæ майрæмбоны 131
далæ уыцы къуымæй райсдзынæ фæрæт. Дæхи аккаг фæрæт... Авдаки йæ къухæй бацамыдта хæдзары къуымтæй иумæ. Рацыд иу къуыри. Майрæмбоны Пойдæ æцæгæй райста, Авдаки йын цы къуым бацамыдта, уырдыгæй йæхи аккаг фæрæт æд хъæд. Дыууæ къухæй йыл æрхæцыд, систа йæ бæрзонд æмæ афтæ зæгъы: - Мæнæ кæдæй-уæдæй мæ къухты дзаумайы хуызæн дзаума ис. Бузныг, Авдаки, стыр бузныг. Дæ къухтæ фæрнæй фæдар. Дæ номыл æй дардзынæн цæрæнбонтæм. - Амондджын дзаума дын уæд, - загъта йын Авдаки. - Дæ куыстæн дын мызд нæ фидын, фæлæ дын мæнæ иу асыччы дзаг æфсæйнæгтæ æрбаластон. Пойдæ уæрдонæй райста асыкк, æртæ, цыппар лæджы змæлын дæр кæй нæ фæкодтаиккой, ахæм æмæ йæ хæдзары къæсæрыл æрæвæрдта. Ноджыдæр ма иу хатт арфæтæ ракодта бинонтæн, хæрзбон сын загъта æмæ ацыди. Авдаки байгом кодта асыкк æмæ йæм йæ бинойнагимæ кæсгæйæ баззадысты. Асыкк йæ тæккæ дзаг уыди бур-бурид кæрдотæй, сæ адцжын тæф фындзы хуынчъытæ агайдта (Годж.У.). 132
ЛИТЕРАТУРÆ 1. Багаев Н.К Современный осетинский язык. Ч. I (Фо- нетика и морфология). - Орджоникидзе: Северо-Осетинское книжное изд-во, 1965; Ч. II (Синтаксис). - Орджоникидзе: Ир, 1982. 2. Грамматика осетинского языка. Т. I (Фонетика и мор- фология)/Под ред. Г.С. Ахвледиани. - Орджоникидзе, 1963; Т. II (Синтаксис)/Под ред. Г.С. Ахвледиани. - Орджони- кидзе, 1969. 3. Джусойты К.Г., Дзодзыккаты З.Б., Цопанты Р.Г. Ны- рыккон ирон æвзаг: ахуырг. чин. - Дзæуджыхъæу: ЦИПУ-йы рауагъдад, 2010. 4. Каражаев Ю.Д. Синтаксические отношения в осетин- ском языке: Автореф. дис. ... докт. филол. наук. - М., 1996. 133
ЦЫБЫРГОНД НÆМТТÆ А. - Аргъау А.Г. - Агьнаты Гæстæн А.И. - Айларты Измаил А.М. - Андиаты Мæхæмæт А.Х. - Ардасенты Хадзыбатыр А.Э. - Абайты Эдуард Æ. - Æмбисонд Æ.Æ. -Æгьуызарты Æхсарбег Æ.Дз. - Æхполæтты Дзантемыр Æ.И. - Æрнигон Илас Æ.С. - Æгьуызарты Саукуыдз Æ.Ц. - Æмбалты Цоцко Б.А. - Букуылты Алыкси Б.Б. - Боциты Барон Б.Г - Барахъты Гино Б.Гр. - Бицъоты Гриш Б.Е. - Брытъиаты Елбыздыхъо Б.М. - Баситы Михал Б.Т. - Бесаты Тазе Б.У. - Богазты Умар Б.Ч. -Беджызаты Чермен Г - Гафез Г А. - Гæлуаты Аким Г.Ал. - Гуыцмæзты Алеш Г.Б. - Гусалты Барис ГВ. - Гаглойты Владимир ГС. - Гæдиаты Секъа Г.Т. - Гуыриаты Тамерлан Г.Хъ. - Гагкайты Хъазан ГЦ. - Гæдиаты Цомахъ Дж.Д. - Джиоты Дауыт Дж.Н. - Джусойты Нафи Дж.Ш. - Джыккайты Шамил Дз.Г - Дзугаты Георги Дз.К. - Дзесты Куыдзæг Дз.М. - Дзасохты Музафер Дз.Т. - Дзадтиаты Тотырбег Дз.Х. - Дзаболаты Хазби Дз.Х-М. - Дзуццаты Хадзы-Мурат Е.Т. - Епхиты Тæтæри И.т. - Ирон таурæгьтæ К. А. - Коцойты Арсен К.Г - Калоты Геуæрги К.И. - Козаты Исидор К.М. - Кочысаты Мухарбег К.Р. - Кочысаты Розæ К.Ш. - Куымæридтаты Шалва Къ. - Къоста Къ. А. - Къубалты Алыксандр М.В. - Малиты Васо М.Г - Максим Горький М.Д. - Мамсыраты Дæбе М.д. - Мах дуг М.С. - Мæрзойты Сергей М.Т. - Мамсыраты Темырболат Н. - Нигер (Дзанайты Иван) 134
Н.к. - Нарты кадджытæ ИГ - Плиты Грис П. Ф. - Плиты Феликс П.Х. - Плиты Харитон «Р» - «Рæстдзинад» Р. - Ростан Эдмонд С.Л. - Сечъынаты Ладемыр СМ. - Саулохты Мухтар С.Н - Сиукъаты Никъала СР. - Сæбæтхъуаты Рамазан С.С - Ситохаты Саламджери С.У.- Санаты Уари Т.А. - Токаты Асæх Т.Б.- Тугъанты Батырбег Т.Д. - Туаты Дауыт Т.Ю.- Туаты Юри ФДз. - Фæрниаты Дзибуш Ф.Къ. - Фæрниаты Къоста Х.А. - Хæмыцаты Албег ХГ. -Хуыгаты Геор Х.З. -Хостыхъоты Зинæ ХК. -Ходы Камал ХНаф. -Хетæгкаты Нафирæт Х.С-Хуыгаты Сергей Х.Т -Хаджеты Таймураз Х.Я. -Хозиты Яков Хац.С. -Хацырты Сергей Хъ.А. - Хъайтыхъты Азæмæт Хъ. Æ. -Хъодзаты Æхсар Хъ.Г. -Хъодалаты Герсан Хъ.М. -Хъазиты Мелитон Хъ.С -Хъайттаты Сергей Хъ.Соз. -Хъуылаты Созырыхъо Ц.А. - Цæрукъаты Алыксандр Ц.И. - Цомартаты Изæтбег Ц.М. - Цæгæраты Максим Ч.Æ. - Чеджемты Æхсар Ш. - Шекспир
Учебно-методическое издание Цопанова Рита Георгиевна, Качмазова Езетхан Сергеевна СОВРЕМЕННЫЙ ОСЕТИНСКИЙ ЯЗЫК: СЛОВОСОЧЕТАНИЕ И ПРОСТОЕ ПРЕДЛОЖЕНИЕ Учебно-методическое пособие Книга издана в авторской редакции Технический редактор — Е.Н Маслов Компьютерная верстка — С.А. Булацева Дизайн обложки — Е.Н. Макарова Подписано в печать 25.05.2016 Формат бумаги 60><84 71б. Печать цифровая. Бум. 65 гр. Гарнитура шрифта «Пшез». Усл.п.л. 8,2. Тираж 100 экз. Заказ №53. Федеральное государственное бюджетное образовательноеучреждение высшего образования «Северо-Осетинский государственный университет им. К.Л. Хетагурова» 362025, г. Владикавказ, ул. Ватутина, 46 Отпечатано в Издательско-полиграфическом центре ИП Цопановой А.Ю. 362002, г. Владикавказ, пер. Павловский, 3