Text
                    плиты г. г.
МÆЛÆМ!
УÆДЛÆУГÆЙÆ!
«Южная Алания»
Цхинвал
2020


63 (Осет.) 3 П37 Плиты Г. Г. Мæлæм! Уæд лæугæйæ! - Цхинвал, 2020. Плиты Гаврилы фырт Гацыр МÆЛÆМ! УÆД ЛÆУГÆЙÆ! Ответственный за выпуск В. А. Тедеева Компьютерная верстка Ж. В. Икаева Редакционно-издательские расходы за книгу не удержаны. Подписано в печать 16.07.2020. Формат 60x84/16. Бумага офсетная. Усл.печ.л. 12, 60. Тираж 500 экз. Заказ № 125. Издательство «Южная Алания» 100001, г. Цхинвал, ул. Путина, 7. Полиграфическое производственное объединение РЮО. 100001, г. Цхинвал, ул. Путина, 5. 15ВЫ - Издательский № 1 © Плиты Г. П, 2020 © «Южная Алания», 2020
Автор бузныгзæгъы, РХИ-ы президент Бибылты Анатолийæн, чиныг «Мæлæм! Уæд лæугæйæ» - йæн рухс чи фенын кодта.
РАЗНЫХАС Ацы къаннæг чиныджы автор йæ разы ахæм хæс не’вæрдта, цæмæй æрдзура революцийы сæрыл тохты йæ туг чи фæкалдта, уыдонæй алкæуыл. Уый дардыл æмæ гуырахстджын чиныг домы. Фæлæ рæдыд нæ уыдзæн, уыдоны ’хсæн зынгæдæр, куы- рыхондæр, арæхстджындæр чи уыд, уыдонæй иу цалдæрыл æрдзурын. Чиныгмæ хаст чи ’рцыд, уыдон та сты: Санахъоты Владимир, Плиты Арон, Дзаттиаты Алыксандр, Козаты Разден, Санахъоты Мате, Джиоты Илларион, Беджызаты Чермен, Хъуы- латы Созырыхъо, Абайты Алыксандр æмæ Гаглойты Серги. 2020 аз расидт æрцыд «мысæн» азæй. Ахæм фæндон рахаста РХИ-ы президент Бибылты Анатоли. Йæ лæгдзинæдтæ ныллæг макуы уæд, хъæуæг уынаффæ у, уымæн æмæ 100 азы æххæст кæны Хуссар Иры геноцидыл. 100 азы дæргъы махæн уыцы фа- дат никуы уыд, цæмæй ныл цытæ ’рцыд рæстæй 1920 азы, уы- дон загътаиккам. Афтæ уыдзæн, уый цыма развæлгъау зыдта, уыцы тохты хайадисæг, нæ зынгæ фыссæг Беджызаты Чермен. Уый та нæ фæдзæхста: « Ссæдзæм аз махæй Кæмæй фæуа рохы, Уый не ’хсæн æлгъыст уæд фæлтау». Рох нæ бæргæ нæ уыд, фæлæ нæ дзурæнтæ нæ бар нæ уы- дысты. Нырма уал уый, æмæ 1921 азы ралæууыди ног дуг, Со- ветон Хицауады къухдариуæгад, 1920 азы стыр фыдракæндты рæгъмæ рахæссын нæ бауагъта «хæлардзинад» бахъахъæныны 5
тыххæй. Дыккаг та уый, 1922 азæй нæ ныууагъта Гуырдзыстоны сконды. Цалынмæ Стыр Цæдис ныццудыдта, уæдмæ 1920 гено- циды койы бар ирæттæн нæ уыд. Хуссар Ир дæрæн, пырх, сыгъд кæй æрцыд, лидзæг адæмæй 5 мины бæрц цагъды кæй æрцыд сæ къухæй, фæндæгтыл, æх- хормаг æмæ дойныйæ, стæй уæд Цæгат Иры зæххыл тифæй 15 мины кæй бабын, уыдæттæ сæ рæстæджы фыст не ’рцыдысты, уæды æвдисæндартæ та удæгас нал сты æмæ абон геноциды бон банысан кæныны тыххæй нæ къухтæм æмхасæнтæ кæнæм. Ирæн сæ иувæрсты нæ ахызт 1905-1907 азты революци, кæй кой кæнæм ацы чиныджы, уыдонæй бирæ 1917 азы февралы, 1917 азы октябры революциты активон хйад райстой. 1918 азæй Советон хицауады æрфидары онг цы хабæрттæ æрцыд, уы- дæтты та бæстондæр базондзыстæм ракойгонд революционер- ты бакæнгæ хъуыддæгты ’руаджы. Æниу ацы адæймæгты тыххæй дæр фаг æрмæджытæ нæй нæ къухы. Ног царды сæрыл йæ туг чи фæкалдта, уыдон 1937 азы нымад æрцыдысты йе знæгтыл. Сæхи фесæфтимæ фесæфтысты, абон мах чи хъæуы, уыцы æрмæджытæ дæр. Табу хуыцауæн, уæддæр нæ къухы цы кадавар æрмæджытæ ис, уыдоны руаджы зонæм ацы фæлтæр Санахъоты Сергийæ рай- дайгæйæ, стæй уыдоны фæстæ чи лæууъщ, уыцы хæххон цæр- гæстæ сæрибары сырх тырыса куыд æрсагътой Рес æмæ Бур- хохы цъуппытыл. Нæ абоны фæлтæры фыдбылызы фæндæгтыл нæ ардауæм, фæлæ хъуамæ зоной, мах сыхагæй амонд кæй нæй, зæхх нæ рагон фыдæлты зæхх кæй у, Хъуды ком, Хады, Тырсыйы, Къобы кæмттæ ирæтты кæй сты. Цæмæ сидтысты Советон Хицауады Онæй Душет- мæ, кæд мах нæ уыдысты уæд, цæмæн ис гуырдзиаг зарæг Мцхе- тайы онг зæхх мах кæд нæ уыд, уæд. Цæмæн фембæлдысты Мцхе- тайы Ос-Бæгъатыр æмæ Вахтанг Горгасали, кæд арæн нæ уыд, уæд. Мæхъæл сæ ныхтæ садзынц Горæтгæрон районы, фæлæ чиныг рафæлдахой æмæ бакæсой, уыцы зæххытæ Аланты зæххытæ кæй уыдысты. Уыцы зæххытыл мæхъæл цардысты 1914-1944 азмæ. Уæдмæ дзы цардысты хъазахъхъ. Цæуылнæ кæнынц мæхъæл хъазахъхъы кой, цæуылнæ йæ хонынц хъазахътæ сæ фыдæлты зæхх? 6
Æниу нæ фæсивæд сæхи цæстæй федтой ног геноцид, дзæ- нæты бадæт Фыдыбæстæ æмæ йæ адæмы тыххæй сæ цард чи радтой, уыдон. «Уæрмгæнæг дзы йæхæдæг хауы», - зæгъы нæ фыдæлты æм- бисонд. Махæн «сыгъдæг быдыр» чи цæттæ кодта, уыдонæн сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты. Дарддæр æй хъуамæ зоной, искæйы уон хурхы ныхсаг у, йæ фыдæлты зæхх та ничи ратдзæн. Сыхагимæ куыд цæрын хъæуы, уый ирон лæгæн амонын нæ хъæуы. Цæрæм сыхæгтæй, фæлæ гъенырмæ цы ’фсондз уыд, уый нал фендзысты нæ рагон сыхæгтæ. Алы наци дæр хæсджын у, цæмæй сæ истори зоной, цæмæй искæйы истори сау нымæтæй ма æмбæрзой. Июнь 2020 аз. Дунейы адæмтæ, нæ буц уазджытæ, хъуамæ бамбарой æмæ ссаргъ кæной Иры фыццаг геноцидæн. Ир никæйы арфæйæ райгуырдысты, никæйы æлгъыстæй дæр амæлдзысты. Уæрæсейы паддзахад нын фидар уæд, йæ ныфсы къух уæлахиз уæд, Ир йæ хæрзгæнджыты никуы ферох кæндзæн. Ранымад фæлтæр сæ фæстæ лæгдзинад æмæ ирондзинады тыххæй цы ныууагътой, уыдон та нæ къухæй макуы ахауæнт. Автор
УК (б) П Хуссар Ирыстоны организацийы фыццаг дæластæрдон округон комитет Бадынц: Плиты Арон, Дзадтиаты Алыксандр, Санахъоты Лади (Серо). Лæууынц: Гаглойты Серги, Абайты Алыксандр 8
СХЪЫЗЫДИ РУКЪГОМ Афтæ загъта 12 майы 1920 азы зынгæ поэт, прозаик, драма- тург, зынгзæрдæ революционер, революци æмæ сæрибары цар- ды сæрыл æвæллайгæ тохгæнæг, Бургъустаны тугуарæнты хай- адисæг, Беджызаты Чермен Дауиты фырт. Загъта ма уый дæр; «Æссæдзæм аз махæй кæмæй фæуа рохы, уый не ’хсæн æлгъыст уæд фæлтау!». Нартæй райдайгæйæ, дунейы историйы рагæй сты Ир зынд- гонд. Нартæ загътой фыццаг: «Цæйнæфæлтау цæрæнбонты æга- ды ном хæссæм, фæлтау æвзарæм кады мæлæт». Загъта йæ йæ- хирдыгонау Къоста дæр: «Цæйнæфæлтау, Сæрибар адæм, Цагъарæй туг калæм знагæн, Фæлтау нын амæлæт хуыздæр» Уыцы ныхæстæ ирон адæмæн царды систы сæ сæйраг рахæ- цæн, сæ тырысайыл ныффыстой цыбыртæй: «Кæнæ сæрибар, кæнæ - мæлæт». Уыцы кады зарæгимæ цыдысты Стыр Фыды- бæстæйон хæсты быдырмæ дæр, ахæм зондыл лæуд уыдыстæм дыккаг геноциды азты дæр. Бузныг нæ президентæн, хицауад æмæ парламентæн, 2020 аз мысæн азыл нымад кæй æрцыд, уый тыххæй. Ир фарастудон у тæтæр-монголы, стæй уæд - къуылых Тимуры ныббырстыты цытæ бавзæрстой, уыдон историйы бон дæр нæ бацис ныффыс- сын - æбуалгъдæр дугæн скæнæн нæ уыд. Фыццаг геноцид ирон адæм бавзæрстой меньшевикон Гуыр- дзыстоны къухæй 1920 азы. Нæ мæнгард сыхæгтæ гъеуæд сæ- вæрдтой сæ разы хæс, хъуамæ Хуссар Ир сыгъд æмæ цагъд æр- цæуой. 9
Хуссар Ир сыгъд æмæ тард æрцыд, сæ къухæй мард æрцыд 5 мин адæймаджы, æххормагдзинад, алыгъуызон низтæ сау сыджыты хай бакодтой 15 мин адæймаджы. «Иуæн дыууæ - æфсад», зæгъы нæ фыдæлты æмбисонд. Ир æнæ тох, æнæ тугкалдæй нæ ныууагъта йæ зæхх, цалынмæ лидзæг адæм хохæй фалæмæ хызтысты, уæдмæ знагæн йæ фæндæгтæ æхгæнын фæрæзтой. Æбуалгъы дуджы цытæ æрцыд, уыцы хабæрттæ фыст не ’рцы- дысты, абон дзы нæ къухы ис æнæбары бæрæггæнæнтæ. Цæуыл- нæ ’рцыдысты фыст, абон нæ къухы кæй не сты, уымæн ис дыууæ аххосаджы: фыццаг уал уый, революцийы знæгтæ тагъд æрцы- дысты дæрæнгонд. Ралæууыд ног сæрибары дуг, æмæ цæмæй нациты ’хсæн хæрамдзинад мауал уа, уый тыххæй ацы æрцæуæг хабæрт- тыл нæдæр фыссын уагътой, нæдæр сæ мыхуыр кодтой. Абон нын дыккаг зындзинад та уый дæтты, æмæ уæды дуджы æв- дисæнтæй иу дæр гас нал у. Зæгъын хъæуы уый дæр, уыцы «хæлардзинад» хъахъхъæн- гæйæ, 100 азы иухатт дæр ацы дуджы хабæрттæ банысан не ’рцы- дысты, сæ номыл баззад уынг, «8 июны уынг». Цæмæн хуыйны 8 июны уынг, уый нæ адæмæй бирæтæ абон дæр нæ зонынц, æмæ азымаг дæр не сты, уымæн æмæ йыл никуы рцыд ’загъд. Уæлæн- гай зонæнтæ ис 13 коммунарыл дæр, горæты сын цырт дæр нæй, сæ уæлмæрдмæ та алчи кæм цæуы. Стыр лæгдзинадыл банымаинаг у ацы хъуыддаг нæ прези- дентæн, афæдз мысæн азыл кæй банымадта. Ныр арæзт цæуынц алыгъуызон мадзæлттæ. Абон нæ университет дæр ныхас кæны ацы дуджы æбуалгъ фæстиуджытыл, уый тыххæй стыр бузныг нæ ректорæн. Бузныг нæ зынгæ историк Пухаты Къостайæн, ацы дугыл ахæм гуырахстджын куыст чи ныффыста. Фыццаг геноцидыл дзурын - дардыл хъуыддаг у, мæн фæн- ды мæхирдыгонау æрдзурын, цы уавæр уыдис Рукъгомы, цы архайд цыдис Рукъгомы, Ручъы дзыхъхъы. Цыбыртæй зæгъæн ис: хабæрттæ дзы бирæ æрцыд, нæ революционерты уынаффæ- гæнæндон уым уыд, сусæг дæластæрдон куысты комитет уым арæзт æрцыд, активон хайадисæг дзы уыд Беджызаты Чермен. 10
Активон уыд сæ куыст Дзаттиаты Алыксандр æмæ Гæди- аты Никъалайæн (Къола), уырдæм цыдысты Гуырдзыстоны минæвæрттæ Моцъонелидзе æмæ Девдориани. Ам цыди карз быцæутæ Советон хицауад расидыны тыххæй. Быцæутæ йæ уымæн хонæм, æмæ иутæ домдтой гуырдзыйы зондæй расидын Советон хицауад, аннæтæ та разы нæ уыдысты ацы хъуыддагыл, нырма раджы у, зæгъгæ, æххуыс нæ райсдзыстæм Цæгат Ирæй, уымæн æмæ Сырх Æфсад урс бандæты ныхмæ тохы ис. Рукъгомæй, Цъалагомæй ацы вазыгджын хъуыддæгты хайад- исæгуыдысты: Дзаттиаты Ал-р, Плиты Арон, Беджызаты Чермен, Абайты Алыксандр, Абайты Цицка. Цы революцион комитет равзæрстой, уый сконды уыдысты: Абайты Алыксандр, Гаглойты Сергей, Дзаттиаты Ал-р, Козаты Разден, Плиты Арон, Санахъоты Владимир. Æмбæлон уынаффæйы сæр куы хъуыд, уæд адæмæн се скаст уыд Санахъоты Владимир, Дзаттиаты Алыксандр æмæ Плиты Аронмæ. Тохы быдырмæ цæугæйæ та сæ ныфсы мæсыг уыдис Санахъ- оты Мате. Йæ рæстæджы æфсæддон хъуыддæгты Матейы хуы- зæн Хуссар Ирæй дæр, стæй Цæгат Ирмæ дæр нæ уыд, цæттæ æфсæддон раздзæуæг уыд, уырысы революцион тохты фых уыд. Хæрз æрæджиауы онг дæр, уæды рæстæджы æвдисæнтæй бирæтæ дзырдтой, Ревком Матейы коммæ куы бакастаид, уæд Хуссар Ир ахæм бæллæхы нæ бахаудаид. Дзау, Чъреба Мате куы ссæрибар кодта меньшевиктæй, уæд йæ фæнд уыд Гур дæр сисын, хæцæнгæрзты æфтауцдæттæ бай- сын, Къуары хидтæ ныппырх кæнын, цæмæй Гуырдзыйы дард- дæры ныббырстурæд æрцæуа. Уыдæтты кой ис Беджызаты Чер- менмæ дæр йæ очерк «Ссыгъди цард»-ы. Дуг цахæм уыд, тохы фæндæгтæ цахæмтæ уыдысты, куыд хæ- цыдысты, цытæ бавзæрстой лидзæг адæм, сæ цард Цæгат Иры зæххыл цахæм уыд, фæстæмæ куыд здæхтысты сæ сыгъд уæз- гуытæм, цахæм уыд Бургъустаны тох, куыд сырæзт хъæу Ногир æмæ æндæр ахсджиаг фарстытæ мысинæгты хуызы дзырдтой хистæр фæлтæр, йæхи цæстæй сæ чи федта, уыдон. Дзырдтой, фæлæ сæ нæ ныффыстам. Ам нæхи аххос бирæ ис. 11
Ацы дардыл хабæрттæй Рукъгомы адæм цытæ федтой, сæ зæрдыл цытæ бадардтой, уыдæтты мæ фæнды радзурын. Революцион штаб Рукъы уыд; кодтой йæ кой. Меньшевикты æфсæдтæ кæмтты нæ бацыдысты, фæлæ æрхызтысты, Дæллаг Ручъы сæрмæ цы хох ис, Назджыны хох, зæгъгæ, ууылты. Загъ- той-иу уый дæр, нæхицæй сын фæндагамонæг уыдис, зæгъгæ. Фыццаг скъола райдиан кълæстимæ уыд Дзеранты хъæуы. Æуый раз, дам, сæвæрдтой сармадзантæ æмæ уырдыгæй æфцæг- мæ æхстой лидзæг адæмы. Рукъгомы дæр меньшевиктæ цъыбыртты сыгъд бакодтой, нæ бавнæлдтой æртæ хæдзармæ; иу Дзеранты хъæуы, дыууæ та Уæллаг Ручъы Томайтæм. Адæм дзырдтой уый дæр, æвæццæ- гæн, сын зонгæтæ уыдис æфсады æхсæн. Уыцы æртæ хæдзарæй абон ис иу, иннæ дыууæ басыгъдысты хæрз æрæджы, электроны тыхæй раст пайда кæй нæ кодтой, уый аххосæй. Хуссар Иры цы партизанон къордтæ фæзынд, уыдоны аразæг дæр уыдис Мате. Цъалагомы рæгътыл, Ручъы æфцджытыл, сæ нымæц егъау уыд партизанон къордтæн. Адæмимæ иумæ, тохы фæндагыл лæуд чи уыд Цъалагомæй, уыдон уыдысты; Дзаттиаты Ал-р, Антон, Васили (Уасдже), Къоста, Абайты Александр, Владимир, Дауит, Плиты Арон, Алыксандр, Саулохты Николай, Дзаттиаты Илья, Плиты Семен, Саулохты Симон, Абайты Цицка, Беджызаты Чермен, Хъуылаты Созырыхъо, Плиты Михаил, Плиты Оля æмæ æнд. Бургъустаны истори дардыл дзуринаг у. Цыбыртæй зæгъ- дзынæн: «Цæгат Иры зæххыл лидзæг адæмæй арæзт æрцыд хæцæг полкъ 1500 адæймагæй. Бургъустаны зæххыл, иу æхсæв, бонæрдæм бахаудтой æрхъулайы мæнгард хистæрты аххосæй. Фæмард дзы 1127 хæстоны. Ирæй дзы цас фæмард, уый нæ зонæм. Беджызаты Чермен хайадисæг уыд, йæ иу æмдзæвгæйы афтæ зæгъы: «Æртæ сæдæ мæ æрдæг æрхуыссыд»), ома фæмард. Уыдон, æнæмæнг дæр, уыдаиккой Хуссар Иры адæм. Ацы рæгъытæ фыссæг дзæбæх зонгæ уыд, чи ма раирвæзт Бургъустаны тугуарæнтæй, уыдонæй цалдæримæ: Дзаттиаты Уасдже (сыбайаг), Джиоты Илларион (лектор нæ институты), Джиоты Степан (паддзахадон банкы кусæг), Пæррæстаты Тем- бол (Хуыцъе - хъæды хæдзарады кусæг), Джиоты Лентъо (Дзау). 12
Адон 1920 азты хабæрттыл, Бургъустаны тугуарæнтыл дзырд- той, фæлæ сыл фысгæ ницы ныккодтой. Кæмдæр 20-æм æнусы 60-йæм азты Джиоты Лентъо газ. «Советон Ирыстон»-ы; стæй ж. «Фидиуæг» (1969 а. №3) фæрстыл ныммыхуыр кодта йæ мы- синæгтæ Бургъустаны тыххæй. Кæуылты æрмæджытæ сты абон махæн, Бургъустаны истори чи ахуыр кæна, уыдонæн. Журнал «Фидиуæг»-ы æрмæгæн йæ сæр рахуыдта: «Ноджыдæр та Бур- гъустаны тыххæй». Ацы сæры мидисæн ис дыууæхуызон бам- барæн: фыццаг - фыстой ма Бургъустаныл чидæртæ историон рæстдзинадæй иувæрсты хизгæйæ, фыста йыл Лентъо дæр. Ацы уацы мæстджын лæг (Лентъо) комкоммæ зæгъы йæ хъуы- ды, полкъыл гадзрахатæй рацыдысты сæ хистæртæ æмæ цагъд æрцыдысты. Лентъойы хъуыды растдæр æмæ бæлвырддæр у, йæхæдæг дæр йе фсымæр Степанимæ уыцы æрхъулайы уыд. Лентъо гуыргæ Дзауы районы Къодибыны хъæуы ракод- та. Сæрибары сæрыл тохты активон хайад райста, Гуырдзыйы меньшевикон хицауады ныббырсты тохы цæхæры уыд, уыд Бур- гъустаны тохты, активон хайад райста Советон Хицауады Сæрыл тохты. Уыдис партийы уæнг 1927 азæй, йæ райдианæй суанг йæ фæудмæ уыдис Стыр Фыдыбæстæйон хæсты. Йе фсымæр Степан уыдис большевикон партийы уæнг 1920 азæй. Хайад иста æппæт революцион тохты, уыдис Бургъустаны хæсты, Советон дуджы бирæ бæрнон бынæтты фæкуыста. Абайты Лади - сыбайаг, 1905 азæй фæстæмæ хайад иста рево- люцион змæлдты, Ревкомы сæрдар, активон хайад райста Сове- тон хицауад æрфидар кæныны сæрыл тохты. Уыд профессор, нæ Зонад- иртасæг институты кусæг. Лæгау лæгæй фæцард Джиоты Илларион. Райгуырдис Дзауы районы Моргойы хъæуы. 1918 азæй уыд большевикон партийы уæнг, уыд Бургъустаны хæсты. Активон уыд йæ тох Советон хи- цауад фæуæлахизы хъуыддаджы, уыдис Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг. Советон дуджы уыдис æрыгон фæлтæры хъо- мылгæнæг нæ пединституты 1947 азæй йæ амæлæты онг. Сæрмагондæй мæ фылдæр æрдзурын фæнды Плиты Семены чызг Ольгæйыл. Фыццаг геноциды историйыл чи дзура, уый нæ ахиздзæн Плиты Ольгæйы иувæрсты. Нæ ахиздзæн уымæн, æмæ уыцы тугуарæн дугты нæлгоймæгты æмрæнхъ слæууай, æмæ, 13
сылгоймаг уæвгæйæ, алы тохты æмæ хъуыддæгты хайад исай, уый бирæ цæуылдæрты дзурæг у. Революци æмæ Советон хицауады сæрыл тохтæ, ног дуг йæ къахыл сæвæрыны хъуыддæгты кæй аныгъуылд, æхсæнадон куыстимæ йæ ахуырады фæндæгтыл дæр кæй цыдис, уыдæттæ йын фадат нал радтой йæхи цард саразынæн, йæ царды бонтæ ба- тыдта иунæгæй, æхсæнады куысты та йын нæ бон уыд, нæ æхсæв. Йæ рæстæджы, 20-æм æнусы 80 азты, Ольгæимæ фембæлд зынгæ ирон поэт Асаты Реуаз. Ольгæ йæхи тыххæй нæ уарзта дзурын, фæлæ йæ Реуаз уæддæр бафтыдта дзурыныл, цы йын радзырдта, уыдон Реуаз ныммыхуыр кодта ж. «Фидиуæг» 1987 азы 7 номыры ахæм сæримæ: «Уый Ленины федта æртæ хатты». Реуазы æрмæгæй бæрæг у, Ольгæ Ленины фыццаг хатт федта йæ фыны, дыууæ хатты та æцæгæй Мæскуыйы. Ныффыста йыл æмдзæвгæ дæр «Æз Ленины федтон». Ольгæйы ныхæсты бæлвырдæй зыны, йæ ныхас лæгæй-лæг- мæ нæ уыдис Ленинимæ, Ленин ныхас кодта Плион цы чызджы- ты делегацийы сконды уыд, уыдонимæ. Фембæлдтытæ, стæй делегациты хæстæ дзурæг сты, Ольгæ хæрз æвзонгæй кæй аныгъуылд егъау æхсæнадон куысты. Ольгæ рукъаг уыд, уым райгуырд 1899 азы астæуккаг цæрæг бинонтыхæдзары.ФыдæлтыномæйсæДзапъитæхуыдтой,уыцы фыды фырттæй уыд Иссæйы фыд Алыксандр дæр. Номдзыд, дзырддзæугæ хæдзарвæндаг уыдысты. Уæрæсейы къуымты Цъалагомæй ахуырдзинад фыццаг Дзапъийы зæнæг райстой. Ручъы ахæм ныхас баззад, фыццаг хæхбæстæм, Цъалагоммæ, Дзапъийы хæдзарвæндаг æрбахастой костюмтæ, зæгъгæ. Йæ рæстæгмæ гæсгæ, ахуыргонд сылгоймагуыд Ольгæ, фæуд ын уыдис Гуры сылгоймæгты Гимназ, Советон дуджы та, 1925 азы каст фæцис Мæскуыйы юридикон факультет, Мæскуыйæ райдыдта йе хсæнадон куыст дæр, куыста статуправленийы, фæстæдæр Краснопресенскы районы адæмон судæй. Ирыстон- мæ æрыздæхгæйæ, куыста обкомы сылгоймæгты хъуыддæгты хистæрæй, Хуссар Иры прокурорæй, Бакойы нефтгуырæнты пар- тион организацийы хистæрæй, фæскавказы краевой комитеты, Тбилисы КПЦК уæнгæй. Йæ царды хуыздæр бонтæ та арвыста 14
Хуссар Ирыстоны паддзахадон музейы; уыд йæ директор, стæй хайады сæргълæууæг. Йæ рацæугæ фæндæгтæ дардыл уыдысты. Ольгæ 20 аздзыдæй ссис Коммунистон партийы уæнг, егъау æмæ дардыл уыдысты йæ тохы фæндæгтæ. 1920 азты хæххон сылгоймæгты æхсæнады инструктор. Уы- дис лидзæг адæмимæ, федта йæхи цæстæй лидзæг адæмы уавæр, цытæ бавзæрстой фæндæгтыл, стæй уæд бынаты. Фæстæмæ здæхгæйæ, уый ’сиу зынгæ революцинер Гаглойты Алыксан- дры (Тъотъо) хæстон къордимæ. Рахызтысты Зикъарайы хохыл, фæстаг тох самадтой меньшевикты ныхмæ Хуссар Ирыстоны. Ольгæ федта, Хуссар Иры ревком 1920 азы куыд расидт Сове- тон хицауад. Æппæт ацы хабæртты фæстæ, фидарæй зæгъæн ис, Плион йæ цард радта сæрибары сæрыл тохтæн, ног сæрибары цард сфидар кæнын, уый йæ къахыл сæвæрыны хъуыддагæн. Плион бирæ зонадон куыстытæ ныффыста, фæлæ сæ кæм агурæм. Нæдæр йæ къуымты сты, нæдæр музейы, кæмдæр, кæнæ кæмæдæр лæзæрынц, рыг сыл бады, афтæмæй. Ольгæйы номыл та æппындæр ницы ис, уæлæнгай уацтæй дарддæр. Æниу, кæцыдæр чингуыты хорз загъд ис: «Плиева 0. С. - ак- тивный участник борьбы за установление Советской власти в Юго-Осетии». Ноджы: «В 1920 году, будучи ответственным инструктором по работе среди горянок, приняла участие в работе Всероссийской женской конференции, происходившей в Москве». Банысан æрцыд уый дæр; «После установления Советской власти Плиева 0. С. стала активным строителем социализма в нашей стране». Истори йæ бон калы, Плион Ольгæйы фыдæбæттæн йæ фæс- тæйы фæлтæр скæндзæн аккаг аргъ. Ольгæ цы дуджы цард, уыцы дуджы та сыл æцæгæй дзурæн нæ уыд. Уæлгъа бирæ уарзта йæ Ирыстоны, Ручъы дзыхъхъ, Марта- имæ йæ адæмæн бирæ хорздзинæдты бацыд. Хорз зыдта Абайты Ал-ры, Дзаттиаты Ал-ры, Гаглойты Рутены, Тъотъойы, Санахъ- оты Вл-ры, Матейы, Козаты Раздены, Плиты Ароны, Гаглойты Сергийы æмæ æнд. Уыдон æй нымадтой сæ хойыл, Ольгæ та сæ хуыдта йе фсымæртæ. 15
Сæ хæдзарвæндагæй ма уыцы тохты уыдысты Дзапъийы фырт Алыксандр æмæ Михаилы фырт Михал. Цыбыртæй сыл зæгъæм: Алыксандр уыдис Дзапъийы фырт- тæй иу. Йæ царды фæндæгтæ лæгъз æмæ æнцонцæуæн никуы уыдысты. Райгуырдис Дзауы районы Уæллаг Ручъы дзыхъ- хъы номдзыд Дзапъийы хæдзары 1880 азы. Йæ сабион бонтæ дæр арвыста уым, 1901-1905 азты уыдис иаддзахы æфсæддон службæйы. Куы æрыздæхт, уæд иу цъус акуыста заводы, ногæй та йæм æрсидтысты æфсадмæ 1914 азы. Плиты Алыксандр уым базонгæ империалистон хæсты æнæсæрхъæуæг тугкалдтытимæ, революцион хъуыдытимæ, февралы революцийы уылæнтимæ. Хуссар Ирмæ сыздæхт 1917 азы, йемæ уыд дзæвгар лæппуты къорд, революцийы сæрыл тохмæ цæттæ чи уыд, ахæмтæ. Алыксандр 1918 азæй бындуронæй бавнæлдта революци- он куыстмæ, ссис большевикон партийы уæнг, йæ тыхтæ радта зæхкусджытæм, цæмæй революцийы сæрыл рахæцой. Ардыгæй райдыдтой йæ тохы фæндæгтæ. Нырма уал активон хайад райста 1918 азы Цхинвалы мень- шевикты ныхмæ цы растад уыд, уым, кæцыйæн йæ сæргъ уыд Санахъоты Мате. Иннæ растадтæ, 1919-1920 азты Цхинвал ссæрибар кæныны сæрыл цы стыр тохтæ уыд, уым активон уыд Алыксандры ар- хайд. Алыксандр стыр тыхтæ бахардз кодта 1921 азы Советон хи- цауад æрфидар кæныны сæрыл тохты, уыдис взводы командир. Ралæууыд, æрфидар ног дуг, Алыксандр бавнæлдта егъау æх- сæнадон куыстмæ, нырма уыдис организаци ЧОН-ы æфсæддон къухдариуæггæнæг, фæстæдæр та ссис Едысы ревкомы сæрдары хæдивæг. 1922-1927 азты та куыста Ручъы хъæусоветы сæрдарæй. Хæстон фæндæгтæй хайджын уыд Алыксандр. Уæдмæ ралæу- уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Кæд фронты раззаг хаххæн нал сбæззыд йæ азтæм гæсгæ, уæддæр фæсчъылдымы хъуыддæгты активон хайадисæг уыд. Знаг йæ ных сарæзта Цæгат Кавказмæ, бацахстой Алагир, лæгæрстой Хуссармæ Уæлладжырыл, стæй уæд Дайраныл. Нæ 16
хæхтæ йедзаг уыдысты партизанон къордтæй, Алыксандрæн уыдис йæхи взвод, хъахъхъæдтой Ручъы æфцæг. Тых æм бæр- гæ уыд, фæлæ йæ фæндæгтæ æхгæд æрцыдысты 1943 азы - ба- цис саугуырм. Ацард ма афтæмæй цалдæр азы пенсионеры ном хæсгæйæ. Йæхи царды фæндæгтæ уыдис Михалæн дæр. Рукъаг уыд уый дæр, иу хæдзарвæндагæй уыдысты Оля æмæ Алыксандримæ. Райгуырд 1898 азы мæгуыр зæхкусæг лæджы хæдзары. Ахуыр кодта сæхи хъæууон скъолайы, уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Гуры нæлгоймæгты гимназы. Фæцис æй каст 1918 азы æмæ кусын райдыдта ахуыргæнæгæй Едысы скъолайы. 1920 азы бацыд большевикон партимæ. Йæ алыварс цы хабæрттæ цыд, уыдонмæ йын хуымæтæг ахаст нæ уыд. 1920 азы бархийæ бацыд Хуссар Иры бригадæмæ, æнауæрдонæй тох кодта урсгвардионты ныхмæ Цæгат Кавказы. 1921 азы хæцæг æфсадимæ хæхтыл рахызт Хуссар Ирмæ, сове- тон хицауад æрфидар кæныны сæрыл цы тохтæ уыд, - се ’ппæты дæр райста активон хайад. Ног хицауад бирæ хъуыддæгтæ бакодта Михалы бар, куыста Обком комсомолы нымæрдарæй. Нæ дзы уыд рох йæ ахуыры хъуыддаг дæр. 1928 азы æнтыстджынæй каст фæцис Мæскуыйы Тимирязевы номыл хъæууонхæдзарадон академи. Хъæууонхæдзарадон хъуыддæгты йæ хайбавæрд егъау уыд. Куыста Обкомы хъæууон хæдзарады хайады, техникумы дирек- торæй. Ралæууыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты дуг. Йæ райдианæй суанг 1946 азмæ Михал уыдис æфсады рæнхъыты, хорзæхджын уыд ордентæ æмæ дзæвгар майдантæй. Фæсхæсты азты та Михал бавнæлдта йæ уарзон куыстмæ. Уы- дис Хуссар Ирыстоны хъæууонхæдзарадон управленийы сæйраг зоотехник, цыран фæкуыста 1960 азмæ, пенсийы ацæуыны онг. Уæлгъайы хæдзарвæндаг, уæздан æмæ кадыл мæлгæ уыды- сты. Деметæй иу зæронд лæг Иликъо хуындис, хорз зыдта Дза- пъийы хæдзарвæндаг æмæ-иу афтæ дзырдта; «Сæ гæды дæр ис- кæйы цыхт нæ хордта» - сæ гæдыйы дæр сын уæздан рахуыдта. Рукъгом ма дзырдтой ахæм хабар дæр: Дзапъийы бæхтæ баирвæзтысты йæ сыхаг Науийы уыгæрдæнмæ. Науи - пыхс 2* 17
лæг, ратардта бæхты æлгъитгæ, æрыскъæрдта сæ хъæумæ, йæ дзыхæй цынæ æлгъыст схауд. Дзапъи бадтис хæдзары дуармæ æмæ йæм æппындæр ницы сдзырдта. Науимæ уый хъыг æркаст æмæ йæм бахъæр кодта: - 0, Дзапъи. Дзапъи йæм радзырдта, мæнæ дæн, зæгъгæ. - Ацы бæхтæ дын дæ мад æмæ дæ фыдæн афтæ, уфтæ фæ- кæнæт». Дзапъи та йæм радзырдта; - «Хъусын дæ, хъусын, дæ рын ба- хæрон». Науийæн ныхмæлæууæг кæй нæ разынд, ууыл йæхи бахордта изæрмæ, нырма йæм хардзау æркаст, стæй та йæхиуыл æрхудт. Изæры хосдзæуттæ куы æрцыдысты, уæд Науи акæнын кодта ку- сарт, Дзапъимæ барвыста хонджытæ, фæкуырдта дзы хатыртæ. Сæ хæдзарвæндагæй æз кæй æрæййæфтон, уыдон уыдысты; Джиуæрджи, йæ фырт Руслан (Хæтгар), йæ чызджытæ: Раисæ - Чиаты Иосифы бинойнаг, Нинел - инженер Дзуццаты Иваны бинойнаг. Соломан - ахуыргонд лæг бирæ фæцард Цхинвалы. Иван - йæ рæстæджы Уæрæсейы сгуыхт юрист. Нæргæ Рукъгомы нæргæ хæдзар уыдысты Дзапъитæ.
САНАХЪОТЫ ВЛАДИМИР Иæ рæстæджы тохы уылæнтæ сæ авдæны кæй ауызтой, æр- гом æмæ уæндонæй цагъарады дугы ныхмæ чи сыстад, кæнæ сæрибар кæнæ мæлæт чи ныхъхъæр кодта, йæ адæмæн фæдзæхсæгау чи загъта - нæ фехъуыстон ма зæгъæд, уыдоны разæй уыд ирон мызыхъхъ лæппу Санахъоты Владимир Арже- ваны фырт. Чи уыд Владимир, лæгау лæджы ном æм цæй тыххæй æрхауд, уый раджы æрцыд загъд: «Видный деятель революцион- ного движения, один из организаторов и создателей партийной организации Юго-Осетии». Загъд ма ис уый дæр - «Советский го- сударственный и партийный деятель, ответственный секретарь областного комитета КП Грузии, Автономной области Юго-Осе- тии (1922-1924)». Бæрнон бынæттæ сты уыдон уæды рæзгæ Ирыстонæн. Цымы- дисаг та у махæн, цы фæндæгтыл фæцыд Ладо (Дзау æй афтæ хуыд- той), цæмæй ног дуджы ахæм бæрзонд æмæ бæрнджын бынаты æрбадай. Владимир уыдис дзауаг, уым райгуырд 12 январы 1884 азы мæгуыр зæхкусæг лæджы хæдзары, райдиан ахуырдзинад дæр Дзауы райста аргъуанон скъолайы. Ахуырмæ æвзыгъд уыд, рай- дыдта ахуыр кæнын Æрыдоны духовон семинары. 19
Зæгъын уал хъæуы уый, æмæ Æрыдоны семинар йæ рæстæ- джы кæй уыд иууыл зынгæдæр æмæ раззагондæр ахуыргæнæн- дон. Владимир ам базонгæ дуджы раззагон хъуыдытимæ, рæстæг цы домдта, ахæм чингуытимæ, революцийы хъæр дæр æм ам бахъардта. Семинары хистæр нæ уыд райгонд Ладойы хъуыды- ты фæндæгтæй, бæлвырдæй та, йæ революцион хъуыдытæй æмæ бацархайдта ууыл, цæмæй йын куысты бынат ма радтой ма дæр Цæгат Ирыстоны, ма дæр Хуссар Иры. Владимир йæ семинар каст фæцис 1904 азы. Фæхауæггаг лæп- пу Ирыстонæй, ацыд сахар Читамæ. Æндæр дуне, æндæр адæм, тагъд базонгæ ам раззагон хъуыдытыл хæст кусджытимæ, РСДР партийы уæнгтимæ. Уыдон тынг бандæвтой Ладойы дунеæмба- рынадыл. РСДРП-йы рæнхъытæм бацыд 1905 азы, декабры мæйы та активон хайад райста Читайы кусджыты растады. 1911 азмæ цынæ куыстытæ кодта Чита, Верхне-Удинаг, Иркутск æмæ æн- дæр горæтты. Уыцы аз сыздæхт Владикавказмæ, агуырдта куы- сты бынат, фæлæ йæ къухты ницы бафтыд æмæ уæд ныххæцыд хæдзарон уроктæ дæттыны куыстыл. Æнæрынцой зæрдæйы хицау уыд Владимир, 1912 азы та но- гæй аздæхт Сыбырмæ, бацыд ахуырмæ Томскы университетмæ, фæлæ дзы кæронмæ нæ бакаст, ногæй аздæхт Иркутскмæ æмæ та кусын райдыдта Забайкалы æфсæнвæндаджы конторæйы хынцæгæй. Фæкуыста дзы 1914 азмæ. Владимирæй ахуыры хъуыддаг рох нæ уыд, 1914 азы ацыд Пе- тербургмæ, ссис институты психоневрологон факультеты студент. Уæрæсейы артдзæсты æнцад не рбадт, ам йæ зондахаст ноджы фæуæрæхдæр, фæхъæздыгдæр, бæстондæр базонгæ дуджы разза- гон хъуыдытимæ, хайад исын райдыдтой студентты алыгъуызон кружокты. Уым æй æрæййæфта 1917 азы февралы революци æмæ дзы райста активон хайад. Петрограды студентты революцион змæстытæн уыд сæ астæу, уыдонимæ райста активон хайад Стыр Октябры социалистон революцийы дæр. Революцион зондахастыл лæуд студенттимæ ноябры мæйы 1917 азы Владимир æрцыд Петрограды губернийы сахар Гдов- скмæ. Уым, 1917-1918 азы уыд Гдовскы уезды æххæстгæнæг ко- митеты сæрдары хæдивæг, 1918 азы та ссис йæ сæрдар. Уыдис 20
дзы ахæм хабар дæр: 1918 азы райдианы уыд немыцы æрбабырст. Владимир йе мбæлттимæ растын кодта зæхкусджыты, йæхæдæг къухдариуæг кодта сырх æфсæддонтæн, аккаг ныхкъуырд радтой контрреволюци æмæ интервенттæн. Уезд сæрибаргонд æрцыд. Владимиры ном æмæ кад бæрзонд систой Гдовскы уезды адæм. Уырыссаг æмбисонд ахæм ис: «Алыран дæр хорз у, фæлæ хæ- дзары - иууыл хуыздæр.» Владимирæн æнæзонгæ нæ уыдыс- ты Хуссар Иры хабæрттæ, ныр æм фаг цæттæдзинад уыд, ре- волюцийы фæндæгтæ адарддæр кæныны хъуыддаджы. Ууыл хъуыдыгæнгæйæ, июны мæйы, 1918 азы, сыздæхт Ирыстонмæ æмæ ссис революцион змæлды разамонæг. Владимир æрæййæфта Ирыстоны зынгæ революцион куыст- гæнджыты. Уый дын Абайты Алыксандр, Дзаттиаты Алыксандр, Козаты Разден, Плиты Арон æмæ æнд. Йе рыздæхты кой ракод- та Плиты Арон дæр, кæцы фыста: «... 1918 азы, сæрды Санахъо- ты Владимиримæ иумæ рараст стæм Хуссар Ирыстонмæ æмæ æрæвнæлдтон организацион-пропагандистон æмæ массон-аги- тацион куыстмæ» Уыцы аз, июлы мæйы, 1918 азы уагъд æрцыд Компартийы уæнгты æмбырд, уым æрцыд æвзæрст оргбюро Владимиры сæргълæудæй. Ацы партион организацийæн 1919-1920 азты Владимир ссис сæрдар. Зæгъын хъæуы, уыцы азты æппæт змæлд æмæ тохтæн Владимир уыдис сæ раздзæуæг, сæ къухдариуæггæнæг. Хуссар Иры революцион тохты уавæр æмæ фæстиуджыты дæр Влади- мир хъусын кодта Мæскуымæ - Кремлмæ. Советон хицауады расидт Онæй Душетмæ дæр Владимиры хъусдарды бын уыд. Хуссар Иры революцион растад Гуырдзыйы меньшевикон хицауад туджы лæсæнты бын фæкодта. Цъыбырт- ты сыгъд бакодтой Хуссар Иры хъæуты, адæм фæндæгтыл, рæгъ- тыл, Цæгат Иры зæххыл цытæ бавзæрстой, уыдæтты уыдта Вла- димир æмæ йе ’мкусджытимæ æппæт тыхтæ дæр радта уымæ, цæмæй лидзæг, фæхауæггаг адæмы къух фæрæуæгдæр кодтаид. Æнæзонгæ йын нæ уыдысты Бургъустаны æрцæуæг хабæрт- тæ дæр. Фæуæлахиз Советон хицауад, 1921 азæй ралæууыд ног дуг, Хуссар Ир дæр, иу-стæмтæй фæстæмæ здæхын райдыдтой сæ сыгъд уæзгуытæм. 21
1921 азы Владимир æвзæрст æрцыд Хуссар Ирыстоны Рево- люцион комитеты сæрдарæй. Йæ бæрны уæвæг хæстæ хорз æм- бæрста, уыдоны ’хсæн зынгæдæрыл нымадта æрлидзæг адæмы уавæр. Æппæт тыхтæ дæр радта, цæмæй адæм зымæгон къуымтæм баирвæзой, хæрд æмæ дзаума цух ма уой, сывæллæттæ, фæсивæд та скъолатæм бацæуой. Йæхи царды мæт дзы рох дæр фæцис, йе ’нæниздзинадыл адæмы мæтæй нал хъуыды кодта, 1921 азы цалдæр мæйы уы- дис уатон рынчын, фæлæ уæддæр йæ хъусдард адæммæ нæ фæ- нымæгдæр. Уæдмæ Хуссар Ирæн лæвæрд æрцыдис автономи. Ног Гуыр- дзыстоны хицауад, Республикæ раттыныл не сразы, нæ разы кодтой автономон област раттыныл дæр. Ацы хъуыддаджы дæр егъау ролы схъазыд Владимир. Гуырдзыстоны хицауад тагъд бамбæрстой, Хуссар Ирæн хуымæтæг раздзæуæг кæй нæй. Ног ралæугæ хицауадæн Владимир уыдис йæ фæдисон. Цынæ куыстыты иста хайад. 1924-1926 азты куыста Фæскавказы кра- евон комитеты хистæрæй, 1926-1932 азты та куыста Хуссар Ирыстоны автономон областы фæндæгты арæзтады хистæрæй; 1933-1934 азты та уыд Хуссар Ирыстоны адæмон ахуырады ди- ректор. Цæрдæг æмæ арæхстджын уыд Владимир алы хъуыд- даджы дæр. Хъару æмæ зондæй æххæст уыд, хъазуатон уыд алы куысты дæр, сæрыстыр æмæ райгонд уыд партийы разамын- дæй. Царды фыдæбон йеддæмæ ницыма федта, ног дуджы 54 аздзыдæй, йе уæнгтæ куы аивæзта, уæд ын æгъатыр дуг, 1937 аз, йæ базыртæ æрцагъта. Æнувыд цы партийыл уыд, рахуыдтой йæ уый знаг. Ахст æмæ æхст æрцыд 1937 азы. Революцийы знæгтæн сæттын чи нæ бакуымдта, уыцы фæл- тæрæй Ирыстон 1937 азы аззад æрттæдæлармæй. 1920 азы геноцидæн йæ астæу чи уыд, æппæт дæр йæхи цæс- тæй чи федта, адæмæн сæрибары цард чи æрхаста, уыдон æнæсд- зырды бон фесты 1937 азы. Беджызаты Чермен ма бафæрæзта зæгъын: «Ссæдзæм аз махæй кæмæй фæуа рохы, уый не ’хсæн æлгъыст уæд фæлтау!». Арфæйаг уæд нæ президент Бибылты Анатоли, 2020 азы Мысæн азыл кæй банымадта, уый тыххæй. Мысæн бонæн йæ 22
сæйрагдæр рæстæг хауы июны мæймæ. Ардыгæй уæдмæ бирæ ныхæстæ æрцæудзæн загъд, ныр нæ адæммæ хуыздæр æмæ арфдæр бахъардзæн, цæмæн хуыйны рагæй фæстæмæ ацы сæй- раг уынг - 8 июны уынг. Цы хабæрттыл цæуа дзырд, уыдоны ’хсæнæй бæрæгæй æрт- тивдзæн Санахъоты Ладойы ном. 1937 аз кæй аныхъуырдта, уыцы Ирæтты нымæц егъау у Уым бахаудтой зынгæ партион кусджытæ, фысджытæ, дохтыртæ, ин- женертæ, колхозы активон кусджытæ, ахуыргæнджытæ. Карз æгъатыр дуг кæй уыд, уымæн ма егъау æвдисæн у иу хъуыддаг. Ирон адæмæй алчидæр федта Транскамы фæндагыл Калоты За- уырбеджы цырт. Чи уыд, ууыл бирæ дзурын хъæуы. Цыбыртæй та йæ зæгъын : 1937 азы дзыллæйы раззагондæр минæвæрттæн мæлæты тæрхон куы хастой, уæд уыцы номхыгъдмæ бахастой Зауырбеджы дæр. Уый та амард 1935 азы йæхи низæй. Президент, хицауад æмæ Парламенты домæн раст æмæ хъæуæг у, уадз, дуне зоной махæн фыццаг æбуалгъы геноцид Гуырдзыстон кæй сарæзта. 1920 азы дунейы прогрессивон дзыллæйад хъуамæ зоной ацы хабар æмæ æргомæй зæгъой сæ хъуыды Ир æмæ Ирыстоны тыххæй. Уыцы адæмтæ хъуамæ бамбарой, Ир рагæй фæстæмæ дæр сæ фыдæлты зæххыл кæй цæрынц æмæ йæ кæй никæмæн ратдзысты. Уадз зоной уый дæр, Ир интернационалисттæ кæй сты, æндæр нацитимæ хæларæй кæй цæрынц. Сыхагæй та нæ амонд кæй нæй, уый мах аххос нæу
ПЛИТЫ ИОРДАНЫ ФЫРТ АРОН ИР, ДÆ СÆРВÆЛТАУ - МÆ СÆР! Ахæм хъуыдыйыл хæст уыд йæ цыбыр царды бонты, Сове- тон хицауады сæрыл хъазуатон тохгæнæг, дæластæрдон куысты арæхстджын кусæг, зæхкусджыты большевикон орга- низаци аразæг, Хуссар Ирыстоны революцион тохты активон тохгæнæг, 1920 азты геноциды хабæртты ахъаззаджы æвдисæн Плиты Иорданы фырт Арон. Йæ тохы æмбæлттæ уыдысты: Дзаттиаты Алыксандр, Абай- ты Алыксандр, Гаглойты Сергей, Санахъоты Ладо, Козаты Раз- ден. Зæгъын хъæуы, Хуссар Ирыстоны революцион змæлды адон уыдысты сæ раздзæуджытæ, дзæвгар уыд сæ нымæц, семæ Ирыстоны сомбон чи арæзта, уыдонæн дæр. Хъыгаг та уый у, сæрибары сæрыл тохты йæ туг чи фæкалдта, ног Советон хицауад йæ къахыл чи сæвæрдта, уыдон разынды- сты «знæгтæ» æмæ сæ 1937 азы зæххы уæлцъарæй фесæфтой. Байсæфт уæд Плиты Арон дæр. Плиты Арон райгуырдис Дзауы районы Дзомагъгомы хъæ- уы Саджджын къуырфы. Дзомагъгом абон æдзæрæг у Нæргæ 24
комыл нымад куы уыд, уæд дзы цардис 6 хъæуы: Магъ, Фæзы Дзомагъ, Къæззаты хъæу, Дзугаты хъæу (хуыдтой ма йæ Уæллаг хъæу), Саджджын къуырф, Губаты хъæу. Мыггæгтæ та дзы цардис: Джыгкайтæ, Плитæ, Дзугатæ, Касатæ, Губатæ, Уалытæ, Къобертæ. Уыдис сын сæхи авдазон скъола, медицинон пункт. Комæн йæ бацæуæнтæ, йæ рацæуæнтæ кæд уынгæг уыдысты, уæддæр дзы мидæгæй ис рæсугъд уындджын хæхтæ, фенддаг фæзтæ, цъæх сгæлладау фæлыст угæрдæнтæ, зæрдæмæдзæугæ рæгътæ, къуылдымтæ, сæрвæттæ. Хъæздыг у ком бæлæстæй дæр, Рукъгом зымæджы дæргъы цы тæрс суг сыгътой, уый ластой Дзо- магъгомæй. Рукъ æмæ Дзомагъгом минералон дæттæй хайджын нæ фесты, фæлæ уый хардз, сæ суадæттæ сты æвдадзы хос. Ароны хъæу кæддæр сагджын кæй уыд, уый тыххæй йæ схуыд- той Саджджын (Сагджын) къуырф. Ам Плитæй цы хæдзæрттæ цард, уыдоны фыдæлты номæй хуыдтой: Бедзетæ, Цаитæ, Гæу- итæ, Гарсотæ. Иннæ хай, Къæззаты хъæуы чи цард - Хадзатæ, Бебетæ, Бадтатæ. Легендæтæм гæсгæ, ацы Плитæ дæр кæддæр зæххъуагдзинады аххосæй Рукъæй балыгъдысты Дзомагъгоммæ. Йæхи егъау истори ис Дзомагъгомæн. Ууыл дзургæйæ, нæ ахиздзынæ - Плиты Арон æмæ Агуыбейы, Дзугаты Георги, Зауыр æмæ Хаджумары, Джыгкайты Аким, Шамил æмæ Мураты иувæрсты. Уыдон æмæ ма æндæртæ дæр, канд Дзомагъгомы кад нæ, æнæхъæн Ирыстоны кады сæрыл дзурджытæ уыдысты æмæ сты. 7 километры фæндаг бакæныны тыххæй, нæргæ ком фе- дзæрæг. Нырма йыл зарджытæ кæнæм, фæлæ поезд афардæг. Арон райгуырдис 1890 азы. Цæрдхъом уыдысты йæ ныййар- джытæ. Йæ фыд Иордан хъæздыг цæрæгыл уыд нымад. Баззад ахæм хабар: «Йæ фыды фыд хъæздыг Бедзе фæрæзджын уыд, иухатт æй æрфæндыд уæздæтты номхыгъдмæ бахауын, арвыста ныстуан паддзахмæ, уæздан æмæ хъæздыджы ном райсыны тыххæй. Паддзах æм æрбарвыста: «Ме ’фсадæн мын кæрдзын цал мæйы бахæрын кæндзынæ?». Бедзе нæ, фæлæ æнæхъæн Дзомагъгомы Плитæ сæ хъæбæрхоры æвæрæнтæй иунæг бон дæр нæ суазæг кодтаиккой уырысы æфсады. Уæздан, нæртон, дзырддзæугæ хæдзарвæндагыл нымад уы- дысты Бедзетæ, Иордан æмæ йæ ус Калионы сæ къух амыдта, 25
цæмæй сæ зæнæгæн ахуырмæ фæндаг радтаиккой. Йæ хотæй иу - Верицæ уыдис зонадон кусæг Гугкаты Дзаттейы бинойнаг, йе’ннæ хо уыдис Козаты чындз, Советон Цæдисы хъайтар Ша- ликъойы мад. Арон фыццаг ахуыр кодта Ручъы аргъуанон скъолайы. Цар- ды фæндæгтæ агургæйæ, ахауд Пятигорскмæ, фæцард дзы алы- гъуызон куыстытæгæнгæйæ 1903-1906 азтæм, стæй æрбаздæхт Ирыстонмæ æмæ райдыдта ахуыр кæнын Æрыдоны духовон се- минары. Ам базонгæ дуджы раззагон хъуыдытимæ, революцион дуджы æууæлтимæ. Уый уыдис 1914 азы, 1915 азы та йæ ахуыр адарддæр кодта Петербурджы хъæууонхæдзарадон институты. Ам æй æрæййæфтой революцийы уылæнтæ. Йæ мысинæгты афтæ зæгъы: «Февралы революцийы æз активон хайад райстон Питеры студентты рæнхъыты уæвгæйæ. Февралы революцийы фæстæ мæн æрхуыдтой завод «Вулкан»-ы кусæгон комитеты се- кретарæй кусынмæ» (кæс ж. «Фидиуæг», 1970, № 6). Зæгъын хъæуы уый, æмæ революцийы уылæнтæ Ароны сæ авдæны ауызтой Питеры. Йæхæдæг афтæ зæгъы: «Октябры ре- волюцийы активон хайад райстон кусæгон дружинæты рæнхъ- он хæстон уæвгæйæ». (Уый дæр уым). Уæрæсейы фæуæлахиз революци. Арон Питеры ахызт æхсæ- надон куыстмæ. «Революцийы фæуæлахизы фæстæ, - зæгъы Арон, - кусынмæ бацыдтæн Петербурджы Хæлцадон Комитеты Ревизион хайадмæ. Куыстон дзы контролерæй». Куыста, фæлæ йæ зæрдæ та дзырдта йæ Ирыстонимæ, йæ райгуырæн къуым Хуссар Иримæ. Куы сæмбæлд Санахъоты Владимиримæ, уæд рараст сты Цхинвалмæ. Йæхæдæг афтæ зæгъы: « 1917 азы, сæрды, Санахъоты Владимиримæ иумæ рараст стæм Хуссар Ирыстонмæ æмæ æрæвнæлдтон организацион-пропагандистон æмæ массон-агитацион куыстмæ». (Уый дæр уым). Егъау уыд йе ’хсæнадон куыст, хорз æмбæрста дуджы уа- вæр, уыдта, Хуссар Ир тохы фæндагыл лæуд кæй у, революци йæ кæнон нæма бакодта, сæрибардзинад та тохы быдыры агу- ринаг у. Йе змæлд цахæм уыд, уый тыххæй афтæ зæгъы: «1918 азы июлы кæрон, Дзауы организацигонд æрцыд нæ партийы Оргкомитет Санахъоты Владимиры, Дзаттиаты Алыксандры, 26
Гаглойты Сергей æмæ Плиты Ароны скондæй. Уый хæдфæстæ, 1919 азы, дæластæрдон конференцийы сæвзæрстам Окру- гон дæластæрдон комитет: Санахъоты Владимир, Дзаттиаты Алыксандр, Гаглойты Сергей, Абайты Алыксандр, æз æмæ Ко- заты Раздены. Активонæй æмæ æдзухон æгъдауæй хайад ис- там областон дæластæрдон разамынад кæныны æппæт куысты- ты дæр». Хуссар Ир цы уавæры уыд, гуырдзыйы меньшевикты зонда- хаст, сæ дарддæры нывæстытæ цахæм уыдысты, уый хорз æм- бæрстой Арон æмæ йе ’мтохгæнджытæ. Арæзтой æппæт дæр, цæмæй æнæ тугкалдæй ног хицауад æрфидар уа. Арон дæр æхсæв нæ хуыссыд, бон - нæ бадт, иу куыстæй йæ æппæрстой иннæмæ. Зæгъгæ дæр æй кæны: «1918 азы, фæз- зæджы, æз æвзæрст æрцыдтæн Ручъы районы комиссарæй. Уы- мæй цалдæр къуырийы фæстæ та мæ Хуссар Ирыстоны национа- лон съезды комфракци бакодта Националон Советы Президиум- мæ сæрдары æмбалæй».(Уый дæр уым). Ралæууыд ног, сæрибар агурджыты дуг. Рæстæджы фæди- сонтæ уæндонæй расидтысты Советон хицауад Онæй Душетмæ. Уыцы хъуыддаг меньшевикон Гуырдзыстон банымадта риуы хъама ныссадзыныл. Æппæт йæ тыхтæ радта армыдзаг Хуссар Ирыстонмæ. Ир æнцад кæм бадтысты, знагæн лæвæрдтой аккаг ныхкъуырд, фæлæ цы иуæн дыууæ-æфсад. Тугдзых меньше- виктæ басыгътой Хуссар Ир, йæ артмæ сæ къухтæ тавтой лæджы фыдхортæ. Сыгътой, мардтой, никæуыл ауæрстой сывæллонæй зæрондмæ, фæластой мæгуыр адæмы муртæ. Бахъуыд нæ адæ- мы фæлидзыны сæр Цæгатмæ. Знаджы къухæй чи фæмард, уы- доны нымæц цъус нæ уыд, къаддæр зиæнттæ сыл не ’рцыд фæн- дæгтыл дæр. Кæй дон ласта, чи хидтæй хаудта, чи хæхтæй тылд, кæй фæндæгтыл стыгътой æмæ мардтой, æнæбыны митæ сын бакодта рын - тиф. Цæгат Ирыстоны дæр Советон хицауад нырма йæ тыхыл нæ уыд. Уымæй спайда кодтой лæгбирæгътæ, истой адæмы тæри- гъæддаг мурты, скъæфтой сын сæ чызджыты. Йæ рæстæджы сæ реалонæй равдыстой Хъуылаты С. («Мæрдты бирæгъ»], Плиты Харитон («Сæлимæт»). 27
Хуссар Иры уавæрмæ бирæ фæкаст зынгæ революционер Беджызаты Чермен. Фæкаст æмæ мæстджынæй, йæ мустучъи тилгæйæ, загъта: «Судзы цард, судзы гæвзыкк Хуссар Иры- стон. Судзынц. Уадз, судзæд! Басыгъд паддзахы Уæрæсе, фæлæ дзы райгуырд фæринкау цæхæркалæг ног Уæрæсе - Октябры Уæрæсе! Басудзæд æлдарады Хуссар Ирыстон, райгуырдзæн дзы ног Ирыстон - социализм-коммунизм аразæг Ирыстон». Цалынмæ Гуырдзыстоны ныббырст нæма уыд, уæдмæ апрелы мæйы 1920 азы Арон баконд æрцыд Хуссар Ирыстоны Ревкомы скондмæ гуырдзыстоны растадæн ныхкъуырд раттыны охыл. Июны мæйы 1920 азы Хуссар Ирыстоны гарзджын растад састы бынаты баззад, адæмы сæргълæуджытæ сæ тыхтæ радтой фæли- дзаг адæмы уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ, бирæ зындзинæдтæ æвзæрстой Цæгат Ирыстоны зæххыл. Уыцы хъуыддæгты активон хайад райста Арон. Афтæ йæ зæгъы йæхæдæг: «1920 азы 8 июны растад басæттынæй суанг 1921 азмæ куыстон Терк-Дагъыстаны Управленийы инспекторæй лигъдæтты хъуыддæгты фæдыл. 1921 азы Округон Комитеты скондимæ æмæ Хуссар Ирыстоны Обревко- мы гарзджын партизанты къордимæ æз æрцыдтæн фæстæмæ Хус- сар Ирмæ». Æрцыд Арон сыгъд уæзгуытæм, ногæй аразинаг Ирыстонмæ. Ныр ныфсджын у, знаг фæцис бæрзæйсаст. Ног дуг домы ног хъа- рутæ, хъазуатон куыст, цард йæ къахыл сæвæринаг кæй у, адæмæн’ цæрæн къуымты тыххæй æххуыс кæй хъæуы, æппæт уыдæттæ хынцгæйæ, Аронæн æрбадт, æрулæфт нæ уыд, æппæрста йæхи иу куыстæй иннæмæ. Цынæ куыстытæ æххæст кодта Арон ног дуджы къæсæрыл. Куыста: облревкомы хæдивæгæй, юстицийы хайады хистæрæй, социалон æххуысады хистæрæй, ахуырады хайады хистæрæй, финансон хайады хистæрæй, газет «Хурзæрин»-ы ре- дакторæй, уыд журнал «Фидиуæг»-ы фыццаг редактор. Æвæлмæцгæ уыд куысты, йæ адæмы рæсугъд сомбоны сæрвæл- тау кусгæйæ, фæллад нæ зыдта. Зыдта ма уый дæр, ахуырдзинад æм фаг кæй нæй, кæй хъæуы дарддæр сахуыр кæнын. 1924 азы бамидæг Мæскуыйы, ссис Крупскаяйы номыл Ком- мунистон хъомылады академийы студент. Иæ ахуыры æмрæн- хъ, егъау уыд йе ’хсæнадон куыст дæр йæ равзæрст академийы. 28
Уыдис парткомы бюройы уæнг, йæ сæрдар, Мæскуыйы компар- тийы. Æнтыстджынæй фæцис йæ академи, æрыздæхт Цхинвал- мæ, ногæй та бавнæлдта æхсæнадон куыстмæ. Райдыдта кусын Наркомпросы, уый фæстæ та Наркомфины. Хорз кусæг кæй нæ хъæуы. Ароныл сæ цæст тагъд æрæвæрдтой Тбилисы ног къухдариуæгад. Акодтой йæ Тбилисмæ, кусын рай- дыдта 26 комиссары номыл заводы партион комитеты хистæрæй, фæстæдæр æй аивтой Тбилисы горкомы пропагандæ æмæ агита- цийы хайады сæргълæууэеджы хæдивæджы бынатмæ. Куыста Тбилисы, йæ уд та уыдис Цхинвалы. Æрбаздæхт æм 1932 азы æмæ райдыдта кусын ЦÆК сæрдары хæдивæгæй, ак- тивон хайад исын райдыдта периодикон мыхуыры. Фыста ног царды арæзтæдтыл, адæмы æнтыстытыл, царды размæцыды къуылымпыдзинæдтыл, кодта тæлмацы куыст иронæй уырыс- сагмæ. Арон сарæзта фыццаг ахуыргæнæн чиныг ирон æвзагыл политикон хаххыл чи куыста, уыдонæн. Егъау уыд йе ’ххуысы хай газет «Хурзæрин» æмæ ж. «Фи- диуæг»-æн. Йæ хъус лæмбынæг дардта, цы æрмæджытæ дзы цыдис мыхуыргонд, уыдонмæ. Йæ вазыгджын куысты йемæ, йæ уæлхъус уыдысты: Дзаттиаты Алыксандр, Санахъоты Ладо [Владимир], Гаглойты Серги, Абайты Алыксандр, Козаты Раз- ден. Се ’ппæты дæр, стæй ма бирæты, аныхъуырдта 1937 аз. Ре- волюцийы сæрыл тохгæнджытæ, ног Ирыстон аразджытæ, ног дуджы раздзæуджытæ разындысты ног царды «знæгтæ». Фыццаг геноцидыл дзургæйæ, Арон цардæгас уæйыджы хуы- зæнæй сысты нæ разы, йе ’мбаргæ цæстæнгас нæ фæрсы - цы кодтон? Цы ракодта, цы азымтæ йæм æрхастой, уыдæтты йæ раттæг адæм нæ зонынц, зонынц уый, кæй æрцыдысты нымад адæмы знæгтыл, националисттыл. Фæсбайдийан ма зæгъын хъæуы. Аронæн уыд бинонтæ, йæ бинойнаг уыд Гаглойты Рутены хо Раисæ. Уыдис ын дыууæ лæппуйы æмæ иу чызг. Йæ фырттæ Агуыбе æмæ Спартак. Йæ цардæмбал Раисæ Ароны байсæфты фæстæ цы федта цардæй, кæстæр фырт Спартак амард Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рай- дианы туберкулезæй. Хистæр фырт Агуыбе уыдис йæ фыды хал- дих. Ахуырмæ рæвдз, фæуд ын уыдис Æппæт цæдисон базарады 29
институт. 1953 азы та каст фæцис фæсарæйнаг æвзæгты фæдыл курсытæ. Хорз зыдта англисаг æмæ немыцаг æвзæгты. Уыд арæх- стджын тæлмæцгæнæг, бирæ стæлмац кодта иронмæ Есенинæй, англисаг æвзагмæ сталмац кодта Къостайы «Особа», фыста иро- нау æмдзæвгæтæ. Гуыргæ ракодта 1923 азы Дзомагъы, йæ сæри- бар рæстæг æрвыста Дзомагъы, стæй уæд йæ мады ’рвадæлтæм Цæгат Къусджыты. 1962 азы хуынд æрцыд нæ пединституты фæсарæйнаг æвзæгты кафедрæ бакæнынмæ. Цæугæ бæргæ æр- бакодта, фæлæ æхсæвы йæ фыды хойы хæдзары йæ уд систа. Йæ цардæй ахицæн 39 аздзыдæй. Арон йæ фыдæл Бедзейы ном кадимæ хъахъхъæдта, ирон лæгдзинæдтæй хайджын уыд, бирæ цыдæртæ йæ фæндыд са- разын армыдзаг Ирыстонæн, фæлæ йæ фæндтæ йæ хъуыры фæ- бадтысты. Æдзардæй, нæ ног цард аразджытæ, сæ туджы тъы- бар-тъыбур кодтой æмæ дзы фæхуыдуг сты. Геноциды æбуалгъы фæстиуджыты нын чи радзура, ахæм нал баззад. Беджызаты Чермен ма нæ бæргæ бафæдзæхста, цæмæй нæ ссæдзæм аз макуы байрох уа. Тæригъæд сты фыццаг геноциды байсæфæг фæлтæр. Нал федтой дыккаг геноциды фæстиуджытæ, Ирыстон Сæрибар паддзахад кæй сси, уыцы хъуыддаг. Плиты Ароны райгуырдыл æххæст кæны 130 азы. Уыдонæй Арон батыдта 40 азы. Йæ лæджы кармæ куы бахæццæ, йæ уæрæх уис куы рацæйхаста фæтæны, уæд æй æмбисбон арв ныццавта, фæдæлдзæх, цы бæсты зæххыл сты йæ фæллад стджытæ, уый нæ зонынц йæ раттæг адæм. Йæ фыды халдих уыд Агуыбе дæр зонд æмæ æгъдауæй, фæлæ йын цæрын нæ бантыст. Ароны тыххæй та дзурдзыстæм: «Цæмæй дын фиддзыстæм дæ хæрзтæ, «Так чем же нам тебе ответить, Цæмæй дын ратдзыстæм æгъдау». Чем память нам твою почтить» Хорз уаид Ароны мысыны тыххæй Дзомагъгомы хъæлæсы иу рæсугъд дурыл, конд куы æрцæуид мемориалон фæйнæг, цæ- мæй бæлццæттæ зæгъой: «Рухс дзæнæты бад, Арон»
ДЗАТТИАТЫ МИХЕЛЫ ФЫРТ АЛЫКСАНДР ЦÆРГÆС ХÆХТÆЙ СТÆХЫ Ирыстоны хъæутæ æмæ кæмттæй алкæцыйæн дæр ис йæхи истори. Истори аразджытæ та сты сæ цæрджытæ. Йæхи истори ис Дзауы районы Сыбайы хъæуæн дæр. Сыбатæ дыууæ сты - Дæл- лаг - Дзаттиаты хъæу, Мидæггаг - Абайты хъæу. Кæддæры нæргæ хъæутæ абон æдзæрæг сты. Æцæг сæрды мæйты, Дауджыты къуы- рийы, дзæвгар адæм вæййы Сыбагомы, æрцæуынц сæ фыдæлты «Сыгъзæрин дзуар» - ыл сæхи бафæдзæхсынмæ. Сыбагомы лæггæдтæ ирон адæмæн дардыл сты, сгуыхт фæ- сивæд рацыд дыууæ хъæуæй дæр: - уый дын дохтыртæ, фыс- джытæ, инженертæ, революцийы сæрыл тохгæнджытæ, колхо- зон цард аразджытæ, артисттæ, композитортæ, кафджытæ, хæс- ты хайадисджытæ, ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæндтæ. Зæгъæм сæ: артисттæ - Сона, Цацилия; ахуыргæнджытæ: - 2 Аннæйы æмæ Ханиффæ; кафджытæ - Соскъо, Уакка, Таймураз æмæ Гаджиты Хæмæт; композитор - Анисим; зонадон кусджытæ - фыд æмæ фырт - Георги æмæ Руслан; дохтыр - Ваня, фысджытæ - То- тырбег æмæ Абайты Эдуард æмæ Созыр; сæрдар æмæ колхоз 31
аразæг - Абайты Филипп, фыссæг æмæ революционер Дзаттиа- ты Алыксандр, Фыдыбæстæйон хæсты сгуыхт лæг - Димитр. Сæ комбæсты фæсивæд, сæ сылгоймæгтæ, сæ куырыхон лæг- тæ - Михел, Симон æмæ æндæртæ цæвиттойнаг уыдысты канд Цъалагомы нæ, фæлæ æгас Ирыстоны къуымты дæр. Сыбагомæй алыгъдысты Къобмæ Абайты Уасойы фыдæлтæ дæр. Ранымадгонд фæлтæрæй алкæуыл дæр бирæ дзурæн ис, рæс- тæггай сыл загъд дæр æрцыд. Уыдоны ’хсæнæй абоны-бон нæ размæ хъуамæ рахиза зынгзæрдæ революционер, Ирыстоны сæрвæлтау йæ цард чи радта, сæрибары сæрыл æвæллайгæ тох чи фæкодта, уыцы Алыксандр Дзаттиаты. Хуссар Иры дзыллæ сæхи цæттæ кæнынц 1920 азы геноциды боныл сæмбæлынмæ. Уыцы дугыл дзургæйæ та, нæй Дзаттиа- ты фырты иувæрсты ахизæн. Нæй уымæн æмæ, Алыксандр йе ’мбæлттæ Абайты Алыксандр, Гаглойты Серги, Козаты Разден, Плиты Арон æмæ Санахъоты Владимиримæ уыдысты Хуссар Иры фыццаг партион организаци аразæг, 1918 азæй партийы уæнг, революцийы сæрыл æвæллайгæ тохгæнæг. Йæ радзырд «Хæсты быдыры» чи бакæса, уый ма æнæмæнг зæгъдзæн, кæй уыдис курдиатджын прозаик дæр. Арæхстджын кæй уыд ууыл дзурæг сты йæ хъуыддæгтæ: фыста радзырдтæ, очерктæ, кодта тæлмацы куыст. Алыксандрæн йæ царды бонтæ цыбыр уыдысты, æдæппæтæй 41 азы. Аз~æ - цъус, фæлæ куыст-фыдæбæттæ та бирæ. Хæххон лæппу уыд Алыксандр, райгуырдис Хуссар Ирыстоны Дзауы рай- оны Дæллаг Сыбайы хъæуы 1891 азы æфсæнвæндаджы куыстыл лæуд бинонты хæдзары. Йæ сабион бонтæ æрвыста куы Сыбайы, куы та Тбилисы. Райдиан скъолайы фæстæ каст фæцис Тифли- сы реалон училище, ссис ахуыргæнæг. Йæ куыст райдыдта хъæу Згъуыбирæй. Куыстыл æнувыд уыд, фæлæ йæ зæрдæ дзырдта йæ дарддæры ахуыримæ. Йæ фыд Михел уыд Ирыстоны куырыхон лæгтæй, хорз æм- бæрста дуджы уавæр æмæ ахуыры нысаниуæг. Архайдта ууыл, цæмæй йæ зæнæг ахуырдзинад райсой. Сыбайы кой чи скæны, уый æвиппайды ракæны Михел æмæ йæ хæдзарвæндаджы кой, цы зæнæг схъомыл кодта, уыдон канд 32
Михелы нæ, бæрзонд систой Цъалагомы, стæй уæд Ирыстоны кад. Йæ фырттæ Алыксандр æмæ Антон - зынгæ революцио- нертæ æмæ партион кусджытæ, Иван - зынгæ дохтыр, Сона - нæ театры адæмон артист, Натъа - хæрзæгъдау хæдзарон æфсин. 1913 азы Алыксандр ахуыр кæнын райдыдта Петербурджы институты психо-неврологон факультеты. Уым базонгæ дуджы раззагон хъуыдытимæ, уым аныгъуылд революцион куысты. Ууыл дзурæг у иу стыр хъуыддаг: 1917 азы февраль æмæ октя- бры революциты Алыксандр райста стыр хайад, февралæн йе 18-æй та ссис КЗБП (РКП (б)) уæнг. Ирыстонмæ æрыздæхгæйæ, 1917 азы бавнæлдта егъау аги- тацион-пропагандистон куыстмæ. Цæттæ революционерæй æр- цыд Цхинвалмæ, сарæзта фидар революцион къорд. Йæ дуджы Алыксандр зындгонд оратор уыд æмæ йын уый фадат лæвæрдта æфхæрд адæмы революцион тохы фæндагыл бафтауынæн. Йæ архайд, йе змæлдмæ гæсгæ Алыксандр нымад æрцыд зынгæ политикон раздзæуæгыл, меньшевикты ныхмæ æппæт растадты хайадисæгыл. Большевикон партийы сырæзт дæр баст у Алыксандры номимæ. 18 марты 1918 азы Цхинвал меньшевиктæй ссæрибар кæныны ныббырст дæр баст у Алык- сандры номимæ. 26 марты 1920 азы Алыксандр ссис Хуссар Иры- стоны революцион комитеты уæнг, уæд бавнæлдта уæхскуæзæй ног революцион æдгæрзтæ растад бацæттæ кæнынмæ. 1920 азы июны мæйы Округон комитет æмæ леволюцион комитеты номæй цытджын уавæрты расидт æрцыд Хуссар Иры- стоны Советон хицауад Онæй Душетмæ. Меньшевикон Гуырдзыстон хабар фехъусгæйæ, æнцад кæм бадт, сæ тыхтæ сарæзтой Хуссар Ирмæ - Цхинвалмæ. Тох уыд цард æмæ мæлæты ’хсæн. Ир кæд се’мдых нæ уыдысты, уæддæр сæ ныхас уыд: «Кæнæ сæрибар, кæннод та - мæлæт». Цытæ æрцыд Хуссар Ирыл, уыдон дардыл дзуринаг сты, фæлæ сæ цыбыртæй зæгъæм: басыгъд Хуссар Ирыстон, адæм фæлы- гъдысты Цæгатмæ, бирæ зиæнттæ æрцыд сывæллæттыл, сыл- гоймæгтыл, зæрæдтыл. Кæй ивылд дæттæ фæластой, чи хæхты былæй хауд, кæй меныневиктæ мардтой, скъуыд Цæгаты ’рдыгæй сæ мыг-гаг тифæй. Цæгаты фидар хицауад кæй нæма уыд, уымæй з* 33
пайдагæнæгæйæ, сбирæ сты стигъджытæ, фыдгæнджытæ æмæ сæ тыхтæ æвзæрстой мæгуыр лидзæг адæмыл. Хуссары хæстхъом фæлтæр та фæстаг къæбæр æмæ нæмыджы онг тох кодтой тугдзых меныневикты ныхмæ, урæдтой сын сæ размæбырст, цæмæй тыхст лидзæг адæм аирвæзой, ахизой æфцджытыл. Уыцы азты кæд исчи стыр маст æмæ тохты бахауд, уæд уы- донæй иу, сæ раззагдæр уыд Алыксандр Дзаттиаты. Историон рæстдзинад ацы æрцæуæг хабæртты тыххæй зæ- гъы: Хуссар Ир Советон хицауады расидтыл æгæр фæтагъд код- та, стагъд кодта уымæн æмæ сæ ныфс уыд Сырх Æфсадæй, Сырх Æфсад та Цæгаты тохыл лæуд уыд урсгардионты ныхмæ. Дарддæр хуыздæр цы уыдзæн, ууыл стыр хъуыды кодтой Ревкомы уæнгтæ, рæстæгмæ сæ тохы быдыр Цæгатмæ хæссинаг кæй у, ууыл сæ фæнд иу уыд. Бахъуыд Цæгат Ирмæ ацæуын Алыксандры дæр, уым уайтагъд- дæр æвзæрст æрцыд лыгъд адæмы хъуыддæгтæ æрбæстон кæны- ны комитеты сæрдарæй. Уыимæ иумæ, æвзæрст æрцыд Терчы зылды Облпарткомы æмæ Терчы областы ЦÆК уæнгæй. Хуссар Ир æмæ Бургъустаны хæстон быдыр. Уый хъæуæг æмæ дардыл дзуринаг у. Зæгъын уал хъæуы уый, Цæгат Ирысто- ны уæд Хуссайраг хæстонтæй арæзт æрцыд хæстон бригадæ, сæ сæргъ æмæ политикон разамонæгæй нысан æрцыд Алыксандр. Стыр тохты бахауд Хуссар Иры бригадæ, цыдис карз тохтæ урс æфсады ныхмæ. Тохты мидæг дæр бирæ байсæфт Хуссар Ирæй. Иу æхсæв сыл гадзрахатæй кæй рацыдысты, фынæйæ, хуыс- сæнуæтты сæ кæй æрæййæфтой, уый сын тынг асаста сæ тых, бирæты зынг дзы бахуыссыд, ирвæзгæ дæр дзы бирæ ракодта, уыдонæй иу уыдис даргъ æмæ бæрзонд Санахъоты Аслан, кæ- цыйæн бантыст æд пулемет раирвæзын. Ацы тохтæ æмæ мæн- гардзинады хъуыддæгтæ фæстæдæр, Советон дуджы, фæфыста революци æмæ Бургъустаны тохты архайæг Джиоты Арсены фырт Лентъо. Йе’фсымæр Степанимæ уыдысты уыцы тугуарæн тохты. Хуссар Ирыл уæд цы стыр зиæнттæ æрцыд, ууыл дзурæг у сæ цырт, кæцыйæн йæ арæзæг уыдысты 1968 азы бынæттон цæр- джытæ. 34
Цæгаты урсгвардионтæ дæрæн куы æрцыдысты, уæд Сырх Æфсад йæ ных сарæзта Хуссармæ, знаг пырх æмæ дæрæнгонд æрцыд, Хуссармæ здæхын райдыдтой тыхст лидзæг адæм. Цы уавæрты, цы ма æрæййæфтой, цæмæйты адарддæр кодтой сæ цардыуаг, уыдон дардыл æмæ вазыгджын хъуыддæгтæ сты. Зæ- гъын хъæуы: адæм здæхтысты сæ сыгъд уæзгуытæм, йæ бон кæмæн куыд уыд, афтæ арæзта балæууæн къуымтæ. Ног, 1921 азы, расидгæ Советон хицауадæй рох нæ уыдысты æфхæрд баййафæг адæм, сæ арм, сæ уавæр сæ цæмæй амыдта, уымæй сын æххуыс кодта хæринаг, дзаума, аразæн æрмæджы- тæй. Ног, дыккаг геноциды дуджы рабæрæг Мæскуы, сæрма- гондæй Ленин, æрæрвыста æхцайы фæрæзтæ. Фæлæ махты онг не ’рбахæццæ сты. Æппæт хъуыддæгты бæстастæу уыд Алыксандр. Ног дуг, Гуыр- дзыстоны хицауад цы тæрхæттæ хаста Хуссар Ирæн, уым активон хайадисæг уыд Алыксандр дæр. Уыцы дугты Хуссар Ирыстоны хъысмæт куыд скъуыдзаг цыд, уый тыххæй дæр баззад хъæ- уæг æрмæджытæ. Гуырдзыстоны ’рдыгæй дзы хайадисджытæ чи уыд - Б. Мдивани, Кавтарадзе, Окуджава, Цинцадзе, йæхи большевик чи хуыдта, уыцы А. Къабахадзе æмæ æндæртæ. Нæ разы кодтой Хуссар Ирæн политикон бартæ раттыныл. Сталины хъуыды æмбаргæйæ, нæ сæрыл хæцыд С. Орджоникидзе. Компар- тийы хистæр шовинист Б. Мдиванийы схуыдта «базаргæнæг», чрезвичайон къамисы сæрдармæ та дамбацайæ бартхъирæн кодта. Республикæ раттыны æдде ма автономон областыл дæр куы- нæ разы кодтой, уæд. Æгæрстæмæй А. Къабахидзе Орджоники- дзейы рахуыдта «Сталины хуы». Стыр ныхас æмæ быцæу цыд Хуссар Иры арæнты, бирæ хъæу- тæ систы дзырддаг, Хуссар Ирмæ хаугæйæ сæ Гуырдзы ивæзтой сæхирдæм. Æнцад нæ бадт Хуссар Иры Ревком дæр, æппынфæстаг фарст скъуыдзаг æрцыд: 2 марты 1922 азы Гуырдзыйы конституцимæ гæсгæ, Хуссар Ир нымад æрцыд автономон областыл, Цхинвал та столицæйыл, нымад æмæ фидаргонд æрцыдысты йæ арæнтæ дæр. Уæд æрцыд банымад дæр, Хуссар рæстæгмæ уæд Гуырдзыстоны 35
сконды. Уыцы иу хъуыдыйадæй дарддæр, Хуссар Ир æмæ Гуыр- дзыйы ’хсæн хъуыддаджы гæххæтт нæй. Алыксандр æппæт хабæрттæ æмæ хъуыддæгты дæр уыдис хайадисæг. 1921-1922 азты æвзæрст æрцыд Хуссар Иры рево- люцион комитеты сæрдарæй. Историон æрмæджытæ дзурынц ууыл дæр, Хуссар Ирæн автономи раттыны хъуыддаджы Алык- сандр егъау ролы кæй схъазыд. Дзаттиаты Алыксандр 1922-1924 азты куыста Хуссар Ирысто- ны Автономон областы коммунистон партийы ЦÆК сæрдарæй, стæй 1925 азæй нысан æрцыд автономон областы КП нымæр- дарæй. Фæскавказы æмæ ССР Цæдисы цы партион æмбырдтæ уыд, уыдоны уыдис активон хайадисæг, куыд ЦК-ы уæнг, афтæ. Стыр кад уыд Алыксандрæн йæ адæмы цæсты, уæды къух- дариуæгады ’рдыгæй. 1928 азы хорзæхджын æрцыд Кады гра- мотæйæ, стæй уæд Кады Нысаны орденæй. Бардзырды дзыр- дæуы: ...«За проявленное мужество и героизм в борьбе против врагов социалистического отечества во время меньшевистско- го господства, а также в боях против белых на Северном Кавка- зе А. Джатиев награждается Почетной грамотой Ревоенсовета Союза СССР и орденом Красной Знамени». Бæрнон бынæтты кусгæйæ, Алыксандр бирæ лæггæдтæ ба- кодта йæ адæмæн. Йæ тыхтæ лæвæрдта рухсдзинады фæндæг- тæ рауæрæх кæнынмæ. Хуссар Ирыстоны экономикæ райрæзын- мæ, зонадон экспедицитæ аразынмæ, Ирыстоны хæхты хæзнатæ рафæлгъауынмæ. Алыксандр йе ’мкусджытимæ тынг цин кодта ног Ирыстоныл, æмæ æрулæфт нæ зыдта канд йæхæдæг, йе ’мбæлттæ нæ, фæлæ æгас хæдзарæй дæр систы ног дуджы хæрзиуджытæн лæггад- гæнæг. Алыксандр уыд йæ дзыллæйы сæрбос, йе ’фсымæр Ваня - зын- гæ дохтыр, адæмæн лæггадгæнæг, хъуыр, хъæлæс, фындз кæй хъыгдардтой, уыдонæн сæ ирвæзынгæнæг уыдис Ваня. Хъæлдзæг, рæвдауæн фæлмæн æвзаг æнгом баст уыдысты йæ къухайстимæ. Бирæтæ ма йæ мысынц абон дæр. 36
Йæ хо Сона, - нæ театры мад, цас æгъуыссæг æхсæвтæ арвы- ста Тбилисы сценæйыл, стæй уæд Цхинвалы сценæйыл дæр. Теа- тры историйыл æнæ Сона дзурæн нæй. Сыба, Михелы хæдзарвæндаг, аивадыл мард уыдысты. Алы- варсон курдиаты хицау уыд Алыксандр дæр, ирон литературон зиуæтты ’хсæн нымад у, куыд дæсны прозаик, очерктæ фыссæг, арæхстджын тæлмацгæнæг. Уыд журнал «Фидиуæг»-ы æнувыд хæлар. Цард йæ бон калы, йæ уæззау цалх тулы, лæгæрды æрсдонау размæ, кæй йæ быны æркæны, кæй та сисы йæ сæрмæ. Сæ бон ныккалæнт нæ историйы 1930 азтæ, уæлдайдæр та 37 аз. Æниу хуыздæр нæ уыдысты йæ фæстæйы азтæ дæр, цæвæгæй кæрдæгау карст æрцыдысты Иры разагътайы фæлтæр. Уæд ахст æр- цыд Дзаттиаты Алыксандр. Сæ туг цы хицауад æмæ сæрибардзина- дыл фæкалдтой, уыдон сæ ныр рахуыдтой знæгтæ. Стыр дзæхстытæ баййæфта Михелы хæдзарвæндаг, рæстæй байсæфдтысты йæ фырт- тæ Алыксандр æмæ Антон, дугъы скъæрæнты бахаудтой Ваня æмæ Сона. Иван (Ваня) цытæ бавзæрста, уыдон дисæндзуринаг сты, дисæн- дзуринаг у уый дæр, куыд ма раирвæзт, йæ сæр ма куыд æрхаста. Чызг Сона - Гасситы Никъалайы бинойнаг, ахст, сæфт æрцыд, хæдзар ны- мад æрцыд троцкисты ахстоныл. Сона - актер, уый цытæ бафæрæзта йæ сывæллæттимæ, æххормаг, уазал, бæгънæджытæ - афтæмæй сæ кодта йæ куыстмæ, уазал сценæмæ. Диссæгтæй ма лæг цы кæны, дис- гæнгæ-иу сæ дзырдта дыккаг геноциды æвдисæн мæсыг Знауыр, Со- найы хистæр хъæбул. Алыксандры байсæфты азыл нымадтам 1937 аз. Иуæй-иу чин- гуыты фыст ис 1942 аз дæр. Абоны - бон кæд интернеты бæрæг- гæнæнтыл æууæндæн ис, уæд уым та загъд ис: ахст æрцыд 1939 азы. 1940 азы январы мæйы Цæгат Ирыстоны НКВД сæрмагонд рабадты фæндон хаст æрцыд, фондз азы йын ахæстоны фæба- дыны тыххæй. Амард уæззау тыхбыны куыстыты рæстæджы Свердловскы фыдæбонгæнæн лагеры. Срастгонд æрцыд Цæгат Ирыстоны Автономон Советон Со- циалистон Республикæйы уæлдæр Президиумы уынаффæмæ гæсгæ 12 ноябры 1955 азы. 37
Кæд афтæ у, уæд бæрæг у иу хабар: Алыксандр ахст æрцыд Цæгат Ирыстоны 1939 азы, 5 азы ахæстоны фæдарыны тæрхон дæр рахаста Цæгат Ирыстоны НКВД, раст дæр æй Цæгат Ирысто- ны Уæлдæр совет скодта 1955 азы. Кæй фесæфтам, уый нымаинаг у иу сæфт хъуыддагыл, дыкка- гыл та нымаинаг у, цы фаутæ, цы азым сæм æрхастой, цæмæн æр- цыдысты иутæ мард 1937 азы, аннæтæ (Къубалты Алыксандр, Беджызаты Чермен] æндæр æмæ æндæр азты, цы аххосæгты тыххæй, уый сæ раттæг адæм нæ зонынц. Кæд баззад ахæм æрмæджытæ, уæд афон у, уыдон цæмæй рухс феной, сæ хиуæттæ сæ уæддæр зоной, цы зæххыл сты сæ мæрдтæ. Зæгъæм: Барахъты Гинойы фехстой æртыккаг æхсæв, æххор- магдзинад куы расидт, уæд. Абоны-бон цы уæлæнгай зонæнтæ ис байсæфæг удты тыххæй, уыдон фагыл банымайæн нæй. Истори та домы йæхион, цы архивон æрмæджытæ баззад сæ хъысмæты тыххæй, уыдоны уадз æмæ зоной сæ раттæг адæм, сæ хиуæттæ. Алыксандры тыххæй дæр зæгъæн ис, йæ царды фæндæгтæ, йæ бакæнгæ хъуыддæгты йын зонæм йе ’рцахсты онг. Уырдыгæй фæстæмæ нæм цы ис, уыдон сты кадавар. Мах та фидарæй хъуамæ зонæм: Не ’знаг нæ сæрсæфæн был- мæ куы тардта, уæд Алыксандр немæ уыд!. Къоста йæ адæмы тыххæй цы Уастырджымæ сидт: «Гъе, Уа- стырджы, ракас, цæмæй бынтондæр нæ фæуæм фыдвæндаг». Уыцы Уастырджы уæды геноциды рæстæджы махæн уыдис Дзат- тион Алыксандр, Сыбайы «Сыгъзæрин Уастырджы» йы фæдон.
ГАГЛОЙТЫ ГРИГОЛЫ ФЫРТ СЕРГИ КЪУСДЖЫТÆ - ЦÆРГÆСБАДÆНТЫ РЫНДЗ Ирыстоны хъæутæй алкæмæн дæр ис йæхи истори, йæхи хайбавæрд Иры историмæ. Хъæу Къусджыты кой куы фæкæнæм, уæд фыццаг Уанелы кой скæнæм, уымæн æмæ Уане- лы зылдмæ бирæ хъæутæ хауынц - Кусджытæ, Ципран, Соттитæ, Дыргъджын, Сидæн æмæ æнд... Хъæутæ куыд бирæ сты, афтæ сæ нымæц дзæвгар у, цы мыг- гæгтæ дзы цæры, уыдонæн дæр. Уый дын - Гаглойтæ, Гæззатæ, Соттитæ, Цæбитæ, Мардантæ, Дзиццойтæ, Плитæ .... Ранымадгонд мыггæгтæй алкæмæн дæр ис йæхи лæгдзинæд- тæ, фæлæ уал абон ракæнæм Гаглойты мыггаджы кой. Куырыхон, лæгау лæгтæ рацыдис ацы мыггагæй Годзырæй райдайгæйæ. Йæ ном абоны-бон дæр хъуыстгонд у æнæхъæн Хуссар Ирыл куыд дынджыр, тыхджын æмæ уæздан лæг. Йæ фæстæ лæгдзинæдтæ æвдисæн уыдысты йæ фырттæ Борис æмæ Гиуæрги. Ирон интеллигенцийы рæзтыл куы дзурæм, уæд нæ ахиздзынæ Уанелгомы иувæрсты. Номы лæгтæ уыдысты æмæ сты абон дæр Гаглойты Рутен, Никъала, Гафез, Серги, Тъотъо, Цуцукк. 39
I Ранымадгонд фæлтæрæй алкæуыл дæр дзурæн ис дзæвгар рæстæджы, уымæн æмæ сæ ном сыгъзæрин дамгъæтæй æрць{ц фыст нæ историйы. / Хуссар Иры фыццаг геноцидыл куы дзурай, уæддæр дын с(цы куырыхон лæгты иувæрсты ахизæн нæй. Уыдонæй уал абон^нæ ныхасы сæр у зынгæ революционер, ног, сæрибар царды сæрыл тохгæнæг, 1917 азæй большевикон партийы уæнг, 1918 азы Ду- шеты растады активон хайадисæг, 1919 азы гуырдзыйы мень- шевикты ныхмæ карз тохгæнæг Гаглойты Григолы фырт Сер- гийыл. Уæлдæр æрцыд загъд, Серги дæр Уанелы зылдæй уыд, рай- гуырдис 1896 азы Къусджыты хъæуы зæхкусæг бинонты хæдза- ры. Райдиан скъола дæр Уанелы фæцис, стæй йæ ахуыр адард- дæр кодта Тифлисы нæлгоймæгты гимназы. Цæрдæг, æвзыгъд лæппу йæ ахуыр балхынцъ кодта тынг хорз нысæнттыл, райста сызгъæрин майдан. Хæххон лæппу æвзонгæй бахауд дуджы егъау уылæнты, рево- люцион скъæрæнты. Сергийы йæ ахуыры хæд фæстæ акодтой паддзахы æфсæд- дон службæмæ. Уым бамбæрста Сергей, цардыуаг раивинаг кæй у, сомбоны рæстыл цардыуагыл та тох кæй хъæуы. Революцийы æнхъизæн æфсады рæнхъыты дæр йæ кæнон кодта, активонæй дзы архайдта Серги дæр, уым бацыд 1917 азы большевикон пар- тийы рæнхъытæм дæр, уым рапарахат йæ революцион куыст салдæтты ’хсæн. Полкъ большевикон æндæвдады бын кæй баха- уд, уый уæды хицауад бамбæрста, ныппырх æй кодтой æмæ ал- кæйы дæр йæ хæдзармæ арвыстой. Уыдоны нымæцы уыд Серги дæр. Тифлисы кусджыты революцион растадмæ бацæттæ кæ- ныны хайад цы революционертæ райстой, уыдонимæ уыд Серги дæр. Уыдон та, сæйраджыдæр, уыдысты: Айдарты Знауыр, Рæ- монты Евген æмæ æнд. Серги Хуссар Ирыстонмæ æрбаздæхт 1918 азы сæрды. Цæт- тæ революционерæй æрбаздæхт, зыдта, цы йæ хъуыд аразын, уыдæтты. Йæ сæйраг тыхтæ радта дæластæрдон революцион куыстмæ. 1918 азы, июны мæйы, уыдис Хуссар Ирыстоны боль- шевикты æмбырд, уым æрцыд æвзæрст организацион бюро, йе сконды уыдис Серги дæр. 12 июны 1919 азы та йæ равзæрстой 40
партийы округон къамисы сæрдарæй. Уый фæндонæй æрцыд эервыст Хашурмæ зынгæ революционер Айдарты Знауыр дæр, кæцы уæдмæ куыста Тифлисы революцион къорды. «Нæ куыстæй фæллойæн нæй, большевик - зындзинæдтæн гуырд у». Уый Беджызаты Чермен загъта уыцы уæззау азты. Тох- гæнæг революционертæ кæрæдзи канд зонгæ æмæ уарзгæ нæ кодтой, æмбæрстой сæ тохы фæндаджы егъау нысаниуæг æмæ куыстой, фæлладдзинад иуварсмæ æппаргæйæ. Хуссарæй Цæгатмæ ацы хъуыддæгты дæр уыд активон хай- адисæг Серги. 1918 азæй суанг фæуæлахизы онг æрулæфт нæ зыдта. Уыдта æппæтдæр, Онæй Душетмæ Советон хицауад раси- дыны кæд егъау хайад райста, уæддæр йæ циндзинад дæр бирæ нæ ахаста, федта Хуссар Ир цы уавæры бахауд, судзынц хъæутæ, хъомты богъ-богъ, мæдты хъарæг, сывæллæтты кæуынæй зæхх скъуыдтæ кодта. Хуыздæр фæрæзæн Серги дæр Иры сахъхъ фæ- сивæдимæ ныллæуыд карз тохы фæндагыл, тугхор меньшевик- тæн æхгæдтой сæ фæндаг, цæмæй лидзæг адæмæн бантыса æфцджытыл ахизын. Цы æбуалгъы митæ бакодтой Ирыстоны Хуссар хайæн, уыдон чи банымайдзæн, меньшевикты æфсад канд маргæ нæ, ассывтой сын сæ цæргæ-цæрæнбонты фæллæйтты, бабын сæ къухæй æх- сæз минмæ æввахс удгоймаджы. Дзыллæйы раздзæуджытæн дæр цæй нæ ахизгæ уыд Цæгат- мæ. Ам ныр Сергийы сæйраг куыст йе ’мбæлттимæ уыд, лигъ- дæтты уавæрмæ æркæсын, уыдоны барæвдауын, бынæттæ, хæлц æмæ сæм дзаумайæ фæкæсын. Уæззау дуг скодта лидзæг адæмыл, бахаудтой æххормаг ду- немæ, ноджы сæм йæ цæвæг райста æгъатыр тиф дæр. Дзæвгар уыд сæ нымæц, чи сыскъуыд, уыдонæн, кæмдæр схæццæ 15 мин- мæ. Дыккаг дудгæбойнаг хъуыддагыл Ир банымадтой Бургъу- станы хабæртты. Нæ равзæргæ фæлтæрæй, семæ ма Цæгат Иры фæсивæдæй дæр, арæзт æрцыд полкъ æмæ йæ арвыстой. Бургъ- устанмæ урс æфсады ныхмæ хæцынмæ. Канд Ирыстон нæ, уыцы балбирæгътæ æрхъула кодтой æнæхъæн Цæгат Кавказыл. Сырх Æфсад бамбæрста, уыдон ныд- дæрæн кæнынæн æм фаг тыхтæ кæй нæ уыд, æххуыс райсæн та 41
никуыцæй уыд, æмæ уæд æрæнцадысты лигъдæттыл, уыдонæй арæзт æрцыд йæ нымæц 1500 кæмæн схæццæ ахæм полкъ. Хус- сары æдде ма ацы полкъы уыдысты Цæгат Иры бархионтæ дæр, цъус нымæцæй. Бургъустаны сæрыл цы тохтæ (тохтæ ма уыдис Армавиры, Майкопы, Лабæйы, Бекешовскы, Суворовскы) уыд, уыдон дар- дыл дзуринаг сты. Цыбыртæй зæгъæм уый: нæ полкъыл сæ хистæртæй чидæртæй гадзрахатæй рацыдысты, ныууæй сæ код- той иу æхсæв, полкъæй фæмард 1333 адæймаджы. Уыцы полчъы сконды уыд зынгæ ирон фыссæг Хъуылаты Созырыхъо дæр. Уымæн кæйдæртимæ бантыст раирвæзын, фæстæдæр уыцы уавæрыл ныффыста æмдзæвгæты цикл, йе ’мдзæвгæтæй иу та рахуыдта «Æртæ сæдæ æмæ æрдæг æрхуыссыд». Ардыгæй зæгъ- æн ис, Хуссар Иры хæстонтæй уым кæй бабын 350 адæймаджы. Кæмæн ма дзы бантыст раирвæзын, уыдон та уыдысты: Бага- ты Никъала, Гасситы Никъала, Дзæгъиаты Владимир, Санахъо- ты Аслан, Пæррæстаты Тембол, Дзæгъиаты Григорий, Дзаттиа- ты Уасдже, Джиоты Архипп, Джиоты Илларион, Джиоты Степан, Дзукъаты Иордан, Зассеты Иван, Козаты Арчил, Козаты Иван, Козаты Самсон, Козаты Федор, Кокойты Сослан, Коцты Сандро, Коцты Митъо, Коцты Роман, Лæууойты Серги, Магкоты Андрей, Марданты Никъала, Пухаты Ясон, Санахъоты Иван, Тедеты Дми- три, Тедеты Лавренти, Тыбылты Георги, Хæбæлаты Сауи, Хуы- гаты Доменти, Хуыгаты Михаил, Хаситы Никъала, Цхуырбаты Габо, Цхуырбаты Иосиф, Цхуырбаты Сардион, Цоциты Никъала, Джиоты Лентъо, Хъæцмæзты Пируз. Беджызаты Чермен цы бæлвырдгæнæн загъта, æртæ сæдæ æмæ æрдæг (350) æрхуыссыд, зæгъгæ, уый кæд реалон у, уæд абон зæгъæн ис, чи байсæфт, уыдоны мах се ’ппæты нæ зонæм. Цы 38 адæймаджы ма дзы раирвæзт, уыдон дæр фылдæр ма уы- даиккой, уый зын бауырнæн у. Чи фæмард уыдонæй иукъорды кой ракодта г. «Терские ведомости». Уыдысты: Къæбысты Сикъо, Гæззаты Георги, æфсымæртæ Георги æмæ Григори Козаты, Пли- ты Симон, Санахъоты Платон, Джыгкайты Георги, Дзаттиаты Са- чино, Харебаты Герсан, Багаты Елиоз Пæррæстаты Тути, Цхуыр- 42
баты Габо, Котолиты Никъала, Тедеты Никъала, Дыгъуызты Ба- тырбег. Зæгъæн ис, ацы номхыгъд кæй фæфылдæр уыдзæн ног æрмæджытæ мыхуыры куы фæзыной, уæд. Ралæууыд 1921 аз. Цæгат Кавказы, уыимæ Цæгат Иры дæр, æр- фидар Советон хицауад. Ныр æндæр хæстæ æрлæууыд Хуссар Иры раздзæуджыты раз, хъуамæ дæрæнгонд æрцæуа Гуырдзыстоны меньшевикон хицауад. Иры хæхтæ дæр райгуырдысты ногæй, хæцæг æфсад, семæ Сырх Æфсад дæр, рацыдысты æмвæтæнæгæй æмæ Ленин Разденæн куыд загъта - тагъд Сау денджызæй ахиз- дзысты, зæгъгæ, уый тохгæнæг фæлтæр федтой. Санахъоты Сер- гийæн йæ бæрны цы партизанон къорд уыд, уый йæхи тыхджын æмæ хъæбатырæй равдыста гуырдзыстоны меныпевикты ных- мæ тохты, ног сæрибары сæрыл тохты. Æрфидар Хуссар Иры дæр Советон хицауад. Лыгъд адæм здæхын райдыдтой сæ мæгуыр, тæригъæддаг уæзгуытæм. Здæхтысты афтид армæй, фæлæ ныфсджын æмæ хорз зæрдæйы уагимæ. Фыды зæхх, райгуырæн къуым адджын у. Уый зæрдыл- даргæйæ, ног хицауадæй стыр ныфс æвæргæйæ, бавнæлдтой сæ цард аразынмæ. Ног хицауад, ног къухдариуæгад сæ тыхтæ радтой лыгъд адæ- мы цард æрбæстон кæныны хъуыддагмæ. Партион къухдариуæ- гад, цыран уыд Серги дæр, стыр тыхтæ бахардз кодта, цæмæй Хуссар Ирæн æмбæлон статус лæвæрд æрцæуа. Гуырдзыстоны ног хицауад нæ разы кодта Ирæн канд автономон республикæ нæ, фæлæ ма областы ном раттыны хъуыддагыл дæр. Уыцы стыр тохты Сергийы хайбавæрд егъау уыд. Хъазуат тохты фых большевик - Гаглойты Серги 1921-1922 азты æвзæрст æрцыд Фæскавказы Краевон комитеты депу- татæй, Гуырдзыстоны Централон æххæстгæнæн Комитеты де- путатæй, Хуссар Ирыстоны Областон Централон æххæстгæнæн комитеты уæнгæй æмæ Хуссар Ирыстоны автономон областы ЦÆК уæнгæй. Хуссар Ирæн автономон областы ном лæвæрд æрцыд 1922 азы. Къухдариуæгадæн æвзæрст æрцыд ЦÆК. Йæ фыццаг сæр- дар уыд Дзаттиаты Алыксандр. Адæмон комиссариаты уæнгтæ: 43
Тедеты П. - ахуырадæн; Хетæгкаты И. - æнæниздзинадæн; Са- нахъоты С. - зæххы фарстæн; Плиты А. - хæлцадон хъуыддагæн; Гæдиаты Н. - юстицийæн; Заводин И. - мидæггагон хъуыддæг- тæн. Партион къухдариуæгад та бахæс æрцыд Санахъоты Влади- мирæн (Серо). Кæд рæстмæ, фаг мысинæгтæ, нæ баззад Сергийы тыххæй, уæддæр нæм цы ис, уыдæттæ дзурæг сты, кæй уыд йæ адæмы патриот, интеранационалист, æцæг хъаруджын революционер, йæ дзыллæйы рæсугъд сомбоныл æнувыд тохгæнæг. Серги ног дуджы къæсæрыл куы æрлæууыд, йæ дзыллæйы царды зиуæттæй куы федта, уæд æй бамбæрста, ахуырдзинад фæфылдæр, фæхъæздыгдæр кæнинаг кæй у. 1922 азы Серги ссис Мæскуыйы универститеты студент. Йæ ахуыры фæстæ баззад Мæскуыйы, куыста уæззау сæудæджерадон Адæмон Комиссари- аты, уыдис Мæскуыйы Моссоветы депутат. Серги дæр бабын 1937 азы ихдзагъды рæстæджы. Кæм фæах- хосджын, цæмæй йæ фæзылын кодтой, уыдæттæ чи зоны. Ног хицауады «знаг», «националист», йæ дзыллæйы «уæйгæнæг»-ы нæмттæй йæ схайджын кодтаиккой. Кæронбæттæны зæгъын хъæуы уый, æмæ 1920 азы æбуал- гъы геноцидыл дзургæйæ, Сергийы уæздан, хæрзконд, æмбар- гæ, хъуыдыгæнæг лæг йæ ирон хæдон æмæ цыбыр рихитимæ сысты нæ цæстыты раз.
АБАЙТЫ (ЗОРАТЫ) НАФАИЛЫ ФЫРТ АЛЫКСАНДР ЗÆЙЛАСТЫ БАХАУÆГ - АБАЙТЫ АЛЫКСАНДР 1937 азтæ Иры дзыллæйæн сæ бон у æмæ йæ хоной Тыгъды зæй. Зæйы тыххæй нæ зонгæ фысджытæй иу - Хъороты Дауыт афтæ фыста: «Лæджы йæ быны æркæны» æмæ стæй: «Баззайынц йæ фос дзæгъæлæй, Йæ мад, йæ фыд та - бæгънæгæй, Йæ хæдзар, йе ’скъæт - æдзæрæг, Йæ ус, ниугæйæ æд зæнæг.» Зæйæ фыддæр, æгъатырдæр уыдысты Иры рæгъыдзыд фæл- тæры æнафоны, æнæрæстæджы мæрдтæм чи æрвыста уыцы азтæ. Тугтæригъæд уыдысты уыцы хъазуатон зиууæттæ мæ- лынæн, байсæфынæн. Æхсæв нæ зыдтой, бон сын æрулæфт нæ уыд, тугкалæн хъазуатон тохты руаджы фæллойгæнæг дзыл- лæйæн æрхастой сæрибары цард. Сæхæдæг дæр дзы се ’уæнгтæ куы аивæзтой, уæд сæм бадзырдтой: «Ды дæ уæйгæнæг, нацио- налист, меньшевик, ног царды ныхмæ тохгæнæг». 45
Мæлæты хуызтæ алыгъуызæттæ сты, фæлæ дзы ирон адæм ракæнынц алыхатт дæр дыууæйы кой: - амондджын у уыцы мард, йæ хуыссæны чи амæлы, йæ фыды зæххыл ныгæд чи æр- цæуы, Къоста цæмæ бæллыд: « Кæй чызг мыл скæндзæн зæрдæ- халæн хъарæг, кæй кæуынæй риздзæн къæдзæх», уымæй хай кæмæ æрхауы. Тæригъæддагыл та нымадта ахæмы, йæ мард хæдзарыл кæмæн нæ сæмбæлд, ныгæд æрцыди æви нæ уый чи нæ зоны, марынц дæ, фæлæ цæй тыххæй, уый чи нæ базоны. Уыцы лæгау-лæгты фæлтæрмæ хауы Абайты (Зораты) Алык- сандр дæр. Бабын 45 аздзыдæй, фæлæ кæм æмæ цæй тыххæй, уый абон дæр нæ зонынц йæ хион, йæ къабæзтæ. Ног, Советон хицауад йæ ралæудæй фæстæмæ иу фидар хъуы- дыйыл ныххæцыд. Цы уыд, уый уыд, хæрамдзинæдтæ, фыдæх- дзинæдтæ иуварс æрæвæрын хъæуы, «хæлардзинад» хъуамæ уа Цæдисы адæмты ’хсæн. Ацы æвæджиаг хорздзинадæй нæ фыдбоны сыхæгтæ спайда кодтой, æргомæй нæ «хæлæрттæ» хуыдтой, фæсвæдæй та наци- оналисттæ. Ир йæхи цæттæ кæны нæ сæфтмæ бæллæг гуырдзы нын 1920 азы цы фыццаг геноцид сарæзтой, уыцы 100 азы банысан кæ- нынмæ. Цæттæ йæм кæнæм, фæлæ фаг æрмæджытæ нæ баззад уæды дугæй. Зæгъæм æй æргомæй, уыцы æрмæджытæ куыд фыст æрцыдысты уый нæ зонæм. Зонæм уый æмæ Гуырдзы- стоны хицауад ахæм æрмæджытæн мыхуыр кæныны фадат нæ радта. Зонæм уый дæр, 1937 азты сæфт чи ’рцыд, уыдонæн сæ фыстытæ æмæ ма æндæр æрмæджытæ дæр семæ сæфт кæй æр- цыдысты. Ихсыд, уæлæнгæй æрмæджытæ баззад Абайты Алыксандры тыххæй дæр. Интернеты чысылтæ ракодтой йæ кой, фæлæ уы- дон дæр бæлвырд хабæрттыл дзурæг не сты. Алыксандр райгуырдис 1892 азы Хуссары Ирыстоны Дзауы районы Мидæггаг Сыбайы. Интернет та йæ райгуырын кодта Орджоникидзейы. Интернет фыссы, Алыксандр æхст æрцыд, 1937 азы декабры. Сæ цыбыр ныхасы кæрон та фыст ис - ахст æрцыд 1938 азы. 46
Æцæгæй цы уыд, цахæмтæ уыдысты йæ царды фæндæгтæ сабион дугæй суанг йæ байсæфтмæ, уыдонмæ байхъусæм, кæд уæлæнгай сты, уæддæр. Цъалагом - Рукъ, Згъуыбир, 2 Сыбайы, Хъæныхъатæ, æнæ- хъæн Урстуалгом Алыксандры фылдæр хуыдтой Абайтæй нæ, фæлæ Зоратæй. Интернеты Зораты кой нæй. Райгуырд Сыбайы рæстæмбисцæрæг хæдзары. Йæ сабибонтæ Сыбайы арвыста, хорз зыдта йе ’взонджы бонтæй фæстæмæ ком- бæсты разагътайы фæлтæры, йæ мыггаджы сæрæн гуырдты - Абайты Владимиры, Цицкайы (Дауит), Дзаттиаты Алыксандры, Уасджейы, Антоны, Къостайы, куыд иу хъæуккæгтæ, стæй, фæстæдæр та - æмтохгæнджытæ. Йæ ахуырадон фæндæгты йын бæлвырдæй нæ зонæм. Зонæм уый, æмæ кæй фæцис каст Мæскуыйы коммерцион институт 1914 азы. Бæлвырд у, уый дæр, 1932 азы ма кæй ахуыр кодта. Сæудæджерадон Академийы. Йе ’хсæнадон куыст та райдыдта Дзæуджыхъæуы. 1918 азы уыдис Ревкомы сæрдары хæдивæг. Уæд активон хайад райста Цæгат Кавказы урс бандæтты ныд- дæрæн кæныны хъуыддаджы. Абайты Алыксандр 1919 азы, октябры мæйы активон хайад райста æдгæрзтæ растады Гуырдзыстоны меньшевикон хицауа- ды ныхмæ. Уыимæ ма уыд Хуссар Ирыстоны КЗ(б)П - уæнг. Йæ дуджы фæлтæримæ Алыксандры уыдис Хуссар Иры цы змæлд æмæ тохтæ цыд, уыдоны хайадисæг. Федта йæхи цæстæй гуырдзыйы меньшевикон хицауады ныббырст, Хуссар Ир цæхæр арты куыд сыгъд, лидзæг адæм цытæ æвзæрстой. 1920 азы Округон партион организаци Алыксандры снысан код- та хæлцадон комитеты сæрдарæй. Йæ сæйраг хæс уыд, цæмæй æх- хуыс кæна тыхст, лидзæг адæмæн хæлцадон продукттæй. Алыксандр ацы хъуыддаджы дæсны уыд, йæ бæрны уæвæг куыстмæ та йын уыд цæстуарзон ахаст. Советон хицауад куы æрфидар, уæд Алыксандр йæ егъау æх- сæнадон куыст райдыдта Цæгат Ирæй. 1921 азы нысан æрцыд Хæххон Автономон Советон Социалистон Республикæйы СНК нымæрдарæй, фæстæдæр нысан æрцыд Владикавказы газет «Горская беднота»-йы редакторæй. 47
1925 азы марты мæйы нысан æрцыд Советон Социалистон Ре- спубликæйы Цæдисы национ кооперациты бюройы сæрдарæй. Куыд партион куысты арæхстджын разамонæг - æрвыст æр- цыд ахуырмæ Мæскуымæ. Уым, 1928 азы каст фæцис курсытæ - хуыдтой сæ марксизм-ленинизмы курсытæ. Уырдыгæй æрвыст æрцыд Хуссар Ирмæ, æвзæрст æрцыд Централон æххæстгæнæн Комитеты сæрдарæй, фæстæдæр та Хуссар Ирыстоны Обкомы нымæрдарæй. Æнæрынцой зæрдæйы хицау уыд Алыксандр, йæ уд хъард- та ахуырыл, фылдæр зонындзинæдтæ райсыныл. 1932 азы та æрвыст æрцыд ногæй Мæскуымæ сæудæджерадон Академимæ. Уый фæугæйæ, нысан æрцыд Гуырдзыстоны ССР-ы Кутаисы ли- топоны заводы директорæй. Алыксандр алыхатт дæр йæхи æппæрста йæ райгуырæн Хус- сар Ирыстонмæ, йе ’фхæрд, фæллад, фæкæсынхъуаг адæммæ, ар- хайдта уыдон къух, сæ уавæртæ фæхуыздæр кæныныл. Йæ царды фæстаг азты уыд Хуссар Ирыстоны обкомы партийы уæнг, ЦÆК Президиумы уæнг, уыдйс Компартийы уæнг 1918 азæй. Абайты фырт уыдис йæ адæмы æнувыд хъæбул, не ’фсæст ног царды хæрзиуджытыл цин кæнынæй, бæргæ йæ фæндыд бирæ цыдæртæ саразын фæлæ йæ фæндтæ йæ хъуыры фæбадтысты. Фыдбоны халон бауасыд Абайтæм дæр. Алыксандр нырма ацух- гонд æрцыд компартийы рæнхъытæй, стæй та ахст, 1937 азы зæй фæласта Зораты лæппу-лæджы дæр. Ахст æрцыд, фæлæ дарддæр цытæ баци, уый абоны-бон дæр бæрæг ьæу. 1920 азы геноцид зæрдæ баризын кæны. Цытæ ’рцыд Хуссар Ирыл, уый дугъыдиссæгтæн дзуринаг у. Дзуриккам ыл бæргæ, фæлæ уæды æвдисæнтæй гас ничиуал ис, фыст æрмæджытæ дæр фаг не сты æмæ нын нæ къух нæ аразынц. Хъыгаг ма уый у, уыцы тугуарæнтæй ма чи раирвæзт, уыдон та 1937 азы Тыгъды зæй фæласта æмæ сæ мæрдтæ сæ хицæутты къухты нал бафты- дысты. Æвдудон у Ирыстон. Хуыцау ын радтæд уыйбæрц амонд, цæмæй макуыуал феной геноцидон дуг. Бузныг Хæдбар Респуб- ликæйы Президентæн, Уæрæсейы Президентæн, ахæм стыр хабæрттæн æрымысыны фадæттæ чи аразы. 48
САНАХЪОТЫ ИУАНЫ ФЫРТ МАТЕ ДУДЖЫ ФÆДИСОН Хуссар Ир рагæй фæстæмæ дæр дихтæ кодта мæнæ ахæм хæйттыл: Дзауы ком, Къуыдаргом, Чысангом, Хъорнисгом, ис ма дзы, кæй зæгъын æй хъæуы, æндæр кæмттæ æмæ нæмт- тæ дæр Джеры комæй райдайгæйæ, стæй уæд Ленингоры ’рдæм фæлдæхты дæр. Ацы хæйттæй алкæмæн дæр ис йæхи истори, йæхи бакæнгæ хъуыддæгтæ. Хуссар Ир йæхи цæттæ кæны 1920 азы геноцид ба- нысан кæнынмæ. Нысан та йæ кæнæм, сæйраджыдæр, уымæн, цæмæй дунейы хуыцауы сконд адæм бамбарой мах кæддæрид- дæр раст адæм кæй стæм нæ сыхаг гуырдзыйы раз, уадз, базоной Хуссар Иры дзыллæ цæргæ-цæрæнбонты цы лæггæдтæ фæкод- той сыхаг гуырдзыйæн, уадз, зоной «æрцæуджытæ» сæхæдæг кæй сты, мах та бындурон цæрджытæ, уадз, зоной уый дæр, Ир Ирæй кæй баззад, гуырдзиаг агъуд нæ райстой. 1922 азмæ никæцы историйы ис фыст, Ир Гуырдзыстоны сконды сты, уый. Æниу гуырдзыйы историйы хорз фыст у, кæй уыдис «Особа». 4* 49
Дугтæ ивынц, семæ хæссынц стыр ивындзинæдтæ, цагъар- дзинады æфсондз аппаринаг кæй у, уый тагъд бамбæрста Нигер æмæ йæ загъта: «Цагъайраджы дугæн æрцыдис кæрон». Зæгъы йæ Цомахъ дæр: Адæм куы стыхсой цагъайраджы цардæй, Адæм куы бамбарой се’фхæрд, сæ марæг, Зон, уæд кæй сыстдзысты иу бон хъыгдардæй, Зон, уæд кæй фехъуысдзæн иу бон сæ зарæг». Сæрибардзинады сæрыл Ир раджы райдыдтой тох кæнын. Уый бæрæгæй зыны нæ историйы 1830 азтæй. Уыцы тохы ты- рыса хохæн фале систа Алыккаты Хазби, ацырдыгæй та Коцты Бега. Æниу æм уыдоны разæй бавнæлдта Тлаттаты Чермен. Ирон адæм федтой 1905-07 азты æрцæуæг хабæртты, реак- цийы уæззау дуг, империалистон хæсты æбуалгъ нывты. Дардæй сæм нæ кастысты, активон хайадисджытæ уыдысты. Февраль æмæ Октябры революциты уылæнтæ Ирыстонæн дæр тохы бонтæ уыдысты. Сæ тохы фæндаджы æргомæй зыны Къостайы хъуыды: «Адæм сæрибардзинад алыгъуызон æмбæрстой, фæлæ цагъардзинад цы уыд, уый се ’ппæт дæр зыдтой». Фæстагмæ йæ адæм иугъуызон кæй бамбæрстой, уый дæр æргомæй загъта Хетæджы фырт Къоста: «Цæйнæфæлтау, сæрибар адæм, Цагъарæй туг калæм æлдарæн, Фæлтау нын амæлæт хуыздæр!» 1918 азæй Хуссар Ир фидарæй аскъуыдзаг кодта, сыхæг- тæй цæрдзыстæм гуырдзыимæ, фæлæ цагъарадон æфсондзæн кæрон æрцæуæд, фаг у цæгаттаг æфсымæртæ æмæ хотимæ хи- цæнтæй цæрынæн. Ныллæууыд тохы дуг, Ир систой бæрзонд тохы тырыса, кæ- цыйыл фыст уыд: «Кæнæ сæрибар, кæннод та - мæлæт». Ацы дуджы хабæрттæ дардыл сты, фыст дæр сыл æрцыд, хай- ад дзы чи иста, уыдонæй кæмæндæрты баззад мысинæгтæ дæр. Уыдон та уыдысты: Абайты Владимир, Гæззаты Владимир, Ха- 50
ситы Мидта, Гаглойты Никъала, Джиоты Илларион, Санахъоты Мате, Джиоты Лентъо æмæ æнд. Уæды рæстæджытыл дзургæйæ, нæй ахизæн сæ фæрсты Абай- ты Алыксандр, Гаглойты Сергей, Дзаттиаты Алыксандр, Козаты Разден, Плиты Арон, Санахъоты Владимир, Абайты Владимир, Давид, Айдарты Знауыр, Беджызаты Чермен, Уалыты Шакро, Гаглойты Тъотъо, Гаглойты Цуцукк, Гæдиаты Никъала, Хъуылаты Созырыхъо, Плиты Уæлгъа æмæ æндæртæн. Ацы егъау фæлтæрæй мæ фæнды æрдзурын Санахъоты Ма- тейыл, 1920 азы, 34 аздзыдæй, Хуссар Ирыстоны революцион бригады командир чи ссис. Загъд дæр афтæ у: «Мате Санакоев в роли военного руководителя принимал непосредственное уча- стие во всех восстаниях трудящихся Юго-Осетии против мень- шевистского правительства Грузии.» Революцион змæлды сæйраг тых Дзауы дзыхъхъы кæй уыд, уый дæр бæлвырд уыд, ног сæрибары дуг расидт кæй æрцыд Ручъы, уый дæр раст æвдисынц историон æрмæджытæ. Матейы куыст, йæ алы змæлд баст уыдис хæстон фæндæг- тимæ, кæй сæргъ слæууыд, уыдон та уыдысты хæстон адæм. Мате хæстон хъуыддæгтæн дæсны, арæхстджын разамонæг кæй уыд, ууыл та дзурæг сты йæ царды фæндæгтæ. Санахъоты Мате райгуырдис Дзауы 1886 азы зæхкусæг бинон- ты хæдзары. Ахуыр кодта аргъуаны скъолайы, кодта хæдзарон куыстытæ. 1907 азы йæм æрсидтысты æфсæддон службæмæ. Йе ’фсæддон хæс æххæст кодта Мæскуыйы гренадеры полчъы. Уый фæстæ æрвыст æрцыд æфсæддон училищæмæ, ссис прапорщик. 1914 азы æрвыст æрцыд Хуссар-Ныгуылæн фронтмæ. Æвзыгъд æмæ арæхстджын уыд æфсæддон хъуыддæгты, тагъд ыл æрæ- вæрдтой сæ цæст, ссис Георгиевскы кресты хицау. Хорзæхджын æрцыд сыгъдæг Аннæйы II æмæ III къæпхæнты ордентæй, афтæ ма сыгъдæг Станислава II æмæ III, стæй уæд сыгъдæг Вла- димиры IV къæпхæнты ордентæй. Йæ иузæрдион арæхстджын хъуыддæгты тыххæй йын лæвæрд æрцыд Георгиевскы офице- рон хотых дæр. 1916 азы та йæ чин схызт капитанмæ. Мате Ирыстонмæ сыздæхт 1917 азы æмæ æппæт йæ тыхтæ радта революцион куыстмæ. 1918 азы ссис болыневикон пар- 51
тийы уæнг дæр. Æфсæддон хъуыддаджы йæм цæттæдзинад фаг уыд, ныфсы лæг кæй уыд. Хуссар Ирыстоны округон коми- теты уæнгтæ: Санахъоты Владимир, Гаглойты Серги, Плиты Арон, Дзаттиаты Алыксандр æмæ Абайты Алыксандрæн, уый бæлвырдæй зыны йæ архайды фæндæгты. 1918 азы сæрды мæйты активон хайад райста Душеты раста- ды, уый хæд фæстæ, 1919 азы, сарæзта хотыхджын партизанон къорд. Уыдонимæ ахызт Цæгат Ирмæ дæр, сиу уыцы партизан- тимæ, ссис æфсæддон хъуыддæгты разамонæг, æвзæрст æрцыд Цæгат Ирыстоны Ревкомы уæнгæй, йæ руаджы дæрæн æрцыды- сты Салыгæрдæны урсгвардионтæ. Загъд æрцыд: «Мате Санако- ев командовал Юго-Осетинским отрядом во время событий 1920 года. Точнее сказать, командовал он полком, который состоял из 965 бойцов, 90 процентов из которых имели большой опыт Пер- вой мировой войны.» Уæды дуджы хæстон уавæр хорз æмбæрста Мате, йæхи цæс- тæй федта 1917-1920 азты дыууæ хатты Хуссар Ирыл гуыр- дзыйы æфсæдты къухæй цы цæфтæ æрцыд, уыдæттæ. 1918 азы Гуырдзыйы хицауад бафæлвæрдтой Хуссар Иры хæ- цæнгæрзтæ байсын, æрбарвыстой лæгтæ сæ сæргъ диктаторыл кæй нымадтой, уыцы Хъазишвили, афтæмæй. Мате хинхудт бакæнгæйæ, йæ мысинæгты зæгъы: «...после Февральской революции меныиевики назначили в Цхинвал дик- татором «какого-то Казишвили». Субъект запросил подразделе- ния «народной гвардии» из Гори под командованием Георгия Мачабели и с чисто грузинской истовостью приступил к анти- осетинским акциям. Оружие ему, конечно, сдавать и не думали, начались конфликты. Казишвили, Мачабели и примкнувший к ним некто Кецховели были убиты». Мате кæддæриддæр ныфсджын уыд Ревкомы иузæрдион архай- дæй - Дзаттиаты Алыксандр æмæ Санахъоты Владимиры змæл- дæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, стыр сагъæсы сæ бафтыдта 7 майы 1920 азы Уæрæсе Гуырдзыстонимæ цы хæлардзинады бадзырд сарæзта, уыцы хъуыддаг дæр. Хуссар Иры революционтертæ хорз зыдтой Ное Жордания чи у, зыдтой уый дæр, Ирыстон цы сæ- рибардзинад агуры, уыдоныл Ное кæй никуы сразы уыдзæнис. 52
Революцион цæхæры артæн Мате йæ артгæнджытæй - иу, хорз æмбæрста, Хуссар Ир цы уавæры ис, уый. Куы йын бам- барын кодтой, зæгъгæ, Кавказы краевон комитеты хъуыды у, тыхтæ æртымбыл хъæуы Хуссармæ æмæ афон у Советон хица- уад расидынæн. Мате уый фехъусгæйæ, йæхи сæнцъылдта æмæ ма загъта Дзаттиаты Алыксандрæн, æриут мын фыстæй уыцы бардзырд, зæгъгæ. Æрмæджытæ куыд дзурынц, афтæмæй Кравкомы уæнгты ’хсæн дæр фидар иудзинад нæ уыд, æндæра цæмæн бавдыстой Матемæ мæнг гæххæтт, цæмæй Мате æд æфсад раста. 30 майы бригадæ рараст Дзæуджыхъæуæй, æрхæццæ Цхин- валмæ, 8 июны расидт æрцыд Советон хицауад Онæй Душетмæ. Хорз цыдысты райдианы хъуыддæгтæ. Гуырдзыстон, уый фе- хъусгæйæ, æнцад кæм бадт, йæ тыхтæ сарæзта æфсад æмæ хо- тыхтæй Хуссар Ирмæ, æгæрстæмæй, сæм хæдтæхæг дæр уыд. Стыр сагъæсты ныххауд уæд Мате, алырдæм дæр сбарста йæ тыхтæ, хорз зыдта, хæцæнгарз цух кæй сты, йе ’фсады нымæц цъус кæй у, æххуыс кæй никæцæй райсдзысты. Йе’рвылбонон уынаффæтæ уыдысты Дзаттиаты Алыксандр, Плиты Арон æмæ Гаглойты Сергиимæ. Йæ хъуыды сын æргомæй зæгъы, кæй стæм къæпхæны, уый. Цы сфæнд кодта, уый дæр бамбарын кодта... абырсæм Гурмæ, ацы фæндæгтыл нырма ничи ис, сисæм Гур, æфсæнвæндаджы станц, байсæм хæцæнгæрзты æфтауцдæтты. Комитет дæр ацы фарсты фæдыл фаг кæй нæма ахъуыды кодта, уый тыххæй Матейæн не сразы сты. Сæ ныхас ахицæн, Цхинвал уал бахъахъæнæм, зæгъгæ, ууыл. Бирæ рæстæг нæ рацыд, 12 июны æрбафсæстой Гуырдзыйы æфсад сæ сæргъ Валико Джугъели, афтæмæй. Сæ фæздæг уал скалд Прис, Згъудер, Еред, Дменисæн. Уыдæттæ уынгæйæ, Мате бамбæрста хъуыддаг, алæууыд æд æфсад фæстæмæ. Радта бардзыд йе ’фсадæн, цæмæй сæхи æрфи- дар кæной Чъехы нарæджы. Мате хорз æмбæрста В. Джугъелийы фæндтæ æмæ архайдта ууыл, цæмæй йын йæ фæндæгтæ æхгæна, цæмæй Дзауы райо- ны хъæутæ - Църу, Чъимас, Уанел, Ципран, Рукъ, Згъуыбир, Сба, Хæныкъатæ æфцæгтыл ахизын бафæразой. Джугъелийы сæй- 53
раг фæндон та уыд Рукъ, Дзомагъ, Чеселты æфцджытæ бацах- сын, Дзауы районы скуынæг кæнын. Дзауы районы кæмттæй алчидæр федта, уыцы дуджы цытæ ’рцыд, уыдæттæ. Рукъгом абон дæр дзурынц, Гуырдзыйы мень- шевикты кæцыдæр ирон уæйгæнæг Рукъмæ куыд æркодта хох Назджыны рæгътыл. Дзеранты хъæуы скъолайы раз сæвæрдтой пулемет æмæ уырдыгæй æхстой лидзæг адæмы Ручъы æфцæг- мæ. Лидзæг адæм цы уавæрты бахаудтой, уый нын ирдæй равды- ста Плиты Харитон йæ поэмæ «Сæлимæт» - ы. Лидзы Хуссар Ир Цæгатмæ, Мате ма йæ пулемет, йе ’фсадимæ фæстаг хæст самадта 23 июны Уæллаг Ручъы. Бирæ цагъд æр- цыд уым меньшевикты æфсæдтæй. Мате уæд фидарæй бамбæр- ста, Советон хицауады расидт æнæрæстæджы кæй уыд, уый ах- хосæй туджы лæсæнты кæй балæгæрста Хуссар Ир. Сфæлахс алцæмæй дæр, афтæмæй Мате дæр ахызт Ручъы æф- цæгыл. Мате Иры дзыллæйæн легендарон лæг ссис, йæ бирæ хорзæхтæ революцийы агъоммæ дæр, стæй Советон дуджы дæр дзурæг сты, канд тохгæнæг нæ уыд, уыдис йæ дзыллæйы раз- дзæуæг. Йæ цыбыр царды хъарм хæринаг, рæстмæ дарæс, хуыс- сæнгæрзтæ никуы федта, иууыл уыд хæстон фæндæгтыл лæуд, Ирыстоны сомбоны рæсугъд фæндæгты сæрыл тохгæнæг. Алы стыр хъуыддагæн йæ хорздзинæдтимæ рабæрæг вæй- йынц йæ хъæндзинæдтæ дæр. Мате-иу йæ тохы фæндæгтыл куы ахъуыды кодта, уæд-иу фæсмонгæнгæйæ загъта, зæгъгæ, Ревком æмæ Дзаттиаты Алыксандрмæ мæ нæ хъуыди байхъусын Гурмæ абырсыны хъуыддаджы, сисын хъуыд Гуры, уымæн æмæ æппæт æрцæуæг хабæрттæн дзуаппдæттæг æз дæн. Мате дзæнæты бадæд. Уый цы сарæзта, цы фæндæгтыл ра- цыд, цы Сæрибар Ирыстоны федта, уыдон Матейæн дæттынц легендарон хъайтары ном. Ног Ирыстоны царды дæр бирæ уыдысты Матейы бакæнгæ хъуыддæгтæ. Куыста райком партийы инструкторæй, уыдис сæрмагонд хъуыддæгты тыххæй æвзæрст къорды хистæр (ко- мандир), прокуроры хæдивæг, æфсæддон комиссариаты гæс, уыд Хуссар Ирыстоны ЦÆК Президиумы уæнг, обкомы бюройы уæнг. 54
Куыстæй нæ фæллад, рæсугъд царды сæрвæлтау бон нæ бад- тис, æхсæв нæ хуыссыд, Ирыстоны къуымты зылд æмæ йын зылд йæ хъæдгæмттæм, цæмæй байгас уой, цæмæй Ирыстон тагъд- дæр йæ къахыл слæууа. Лæгау-лæг уыд МатеД920 азты хабæрттыл чи дзура, уый Ма- тейы иувæрсты нæ ахиздзæн. Уыцы азты истори та æнæ Мате уыдзæн цæсты æнæахадгæ. Фыццаг æмæ дыккаг геноцидтæн сæ фæндаг иу уыд - Иры дзыллæйы скуынæг кæнын. Рæстдзинад домбай у, арты нæ судзы, дон æй нæ ласы, кард æй нæ кæрды, нæмыг дзы нæ хизы. Ирæн рæстдзинад се ’рды- гæй ис, адæмыл нæ чи нымайы, уыдонимæ цæрдзыстæм, царды бæззæм æмæ уыдонæн дæр сбæздзыстæм. Стыр Уырыс рагон дугæй абонмæ сты не Стыр Ныфсы Мæсыг æмæ ууыл та уыдзы- стæм Иузæрдион. Уадз нæ фыдæлты æмбисонд зоной нæ хæрзмæ бæлджытæ: «Хорз сыхаг - бинонтæй, æвзæр сыхаг та - се ’знаг». Матейыл бирæ ныхас фæцæудзæн. Йæ ном цæмæй æрттива Иры зæххыл, уый тыххæй та нæ хъæуы цæуылдæрты ныхъхъуы- ды кæнын. Дзыллæйы лæгæн рох гæнæн нæй. Байсæфт Мате сæрибар дуджы, гоймаджы культ йæ уæлных- ты кæй ахаста, уыдон æхсæн уыдис 51 аздзыд Мате дæр.
КОЗАТЫ ШАМЕЛЫ ФЫРТ РАЗДЕН МАШХАРА - ЙÆ САБИОН АВДÆН Машхара хъæуы ном у. Ис Дзауы районы, у хæххон хъæу, æрдз ын бирæ рæсугъддзинæдтæ радта, фæлæ уыдон цæрыны фадæттæн дзуапп нæ лæвæрдтой. Зæхх - адæмы дарæг, уымæй кæддæры Машхарайы цæрджытæ хъуаг уыдысты æмæ сæ уый æркодта сæ фыдæлты уæзæгыл сæ къух сисынмæ. Дуг йæ бон калы, стæнæг ис Машхара дæр, йæ ном ма йын чи хъахъхъæны уыдон сцъус сты, цæрынц, цы бон сæ ис, фыдæлты уæзæг адджын у. Ирыстоны ахæм хъæу нæй, йæхи истори кæмæн нæй. Æнæ истори нæу, Машхара дæр (хонынц йæ Уалыты хъæу дæр) йæ фæ- зындæй абонмæ. Йæ ном ын уарзгæйæ дзурынц, чи дзы фæлыгъд, уыдон дæр, æнæ уарзгæ йæ не сты, чи ма дзы баззад, уыдон дæр. Фæлтæртæ ивынц фæлтæрты, кæстæртæ размæ цæуынц, хæ- дзарвæндаг, мыггаг æмæ наци дарддæргæнæг сты. Цы номдзыд кæстæртæ дзы рацыд, хъæу æмæ мыггаджы кад бæрзонд чи сис- та, уыдонæй иу уыд зынгæ профессионалон революционер, æртæ революцийы хайадисæг, 1902 азæй РСДРП уæнг Козаты Разден. 56
Разденыл дзургæйæ, йæ рæстæджы фыссæг Гаглойты Никъа- ла афтæ загъта: « В лице Раздена Шамеловича Козаева трудящи- еся Юго-Осетии выделили стойкого борца за дело трудового на- рода и партийного деятеля, безгранично преданного Родине и народу. Все свои силы и энергию он отдавал делу восстановления и развития народного хозяйства области». (Н. Гаглоев, Самородок, Цхинвал, 1962, стр.54). Разден кæм райгуырд, авдæны тъæпæнты баст кæм æрцыд, авдæны зарджытæм кæм хъуыста, уый Ирон адæмæн хуымæтæг хъæу нæу, Раздены сабион дуг, йæ ахуыры, царды фæндæгтæ, йæ революцион куыст, йæ тохы быдыртæ - легендæйау бирæ цæуылдæрты сты дзурæг. Къæбæр кæмæн нæ уыд, гомкъах - бызгъуырты чи цыд, чиныг - ахуырмæ йæ былыцъæрттæ чи ’хсыдта, уымæй ахæм дзыллæйы лæг рацæуа, уый царциатæн дзуринаг у. Ирон аргъæутты рæстдзинаг агурæг æфсымæртæй иу ных- хæццæ Питермæ, Ленинмæ. Фæстæдæр уыцы аргъау рахызт æцæгмæ. Майы мæйы, 1920 азы, Хуссар Ирыстоны округон комитеты уынаффæмæ гæсгæ, Мæскуымæ коммунистон Интернационалы П-конгресмæ æрвыст æрцыд делегаци. Йе сконды уыдысты Ко- заты Разден æмæ Рæмонты Евген. Уæд фембæлд Разден Лени- нимæ. Райста сæ Ленин, байхъуыста Хуссар Иры уавæры тыххæй Раз- дены раныхасмæ. Ленины дзуапп уыд: «Зынаргъ хæххон æмбал, цалынмæ сымах уæ райгуырæн хæхтæм хæццæ кæнат, уæдмæ меньшевиктæ Сау денджызы былæй фæфале уыдзысты. Æдыхс- тæй аздæхут уæ хæдзæрттæм, æхсидгæ салам радтут Хуссар Ирыс- тоны партион организацийæн, æппæт фæллойгæнджытæн». Нæ адæмы ’хсæн ма баззад ахæм ныхас дæр, Ленин Разденæн балæвар кодта йæ дзыппыдарæн сахат, зæгъгæ. 1920 азы Гуырдзыстоны лæджыфыдхор меньшевиктæ Хуссар Ирæн цы æбуалгъы митæ бакодтой, уыдоны йæхи цæстæй чи фед- та, æд кард, æд хотых чи тох кодта, сæрибардзинадмæ тохы фæн- дæгтæ чи гæрста, уыдоны раззагдæртæй иу уыд Козаты Разден. 57
Дыууынæм азты геноцидыл дзургæйæ, нæй ахизæн Абай- ты Алыксандр, Гаглойты Сергей, Дзаттиаты Алыксандр, Пли- ты Арон, Санахъоты Владимир æмæ Козаты Раздены иувæр- сты. Уыдон уыдысты раздзæуджытæ, уынаффæгæнджытæ, Хус- сар Ирæн рæсугъд фидæн аразджытæ. Кæд бирæ туг ныккалд, кæд тохы тырыса туджы самæхст, уæддæр цæуыл тох кодтой, уый сæ къухты бафтыд. Бафтыд, фæлæ сын дзы цæрын нæ бан- тыст. Абоны-бон, геноцидыл дзургæйæ, кæй кой кæнæм, уыдонæн зонын хъæуы сæ царды хабæрттæ. Уыдоныл дзургæйæ та, нæ зæрдыл æрбалæууы нæ фыдæлты æмбисонд: «Æххормаг - хæраг, мæстджын - дзураг». Козаты Шамелы фырт Разден райгуырдис Дзауы районы Маш- харайы хъæуы 1873 азы мæгуыр, æнæзæхх бинонты хæдзары. Ша- мел æмæ йæ цардæмбал Санет сæ мæгуырдзинадыл хъæцыдысты, фырты хицау куы баисты, уæдæй. «Мæгуырæн, дам, йæ рæуæд тагъд гал кæны», зæгъы фыдæлты æмбисонд. Афтæ каст ныййарджытæм дæр Разденмæ кæсгæйæ. Разден йæ сабион бонтæй ницы федта, æвзонгæй йæм æрхауд æх- хуырсты цардыуаг. Нырма уыд Шоропаны уезды кънйазы хæдзары æххуырст, уырдыгæй рахауд Тхъуиаумæ - Павленовтæм. Фæлыгъд уымæй дæр, акуыста Атъены хъæдæрмæг цæттæгæнæны, ахауд Тбилисмæ, уым та куыста сау кусæгæй. Цард агургæйæ у, агуырдта йæ Разден дæр. 1889 азы балæууыд Бакойы. Ам базонгæ раззагон зондыл хæст фæсивæдимæ, рево- люцион куыст чи кодта, уыцы революционертимæ. Райдыдта уал кусын электромонтерæй æхсæнад «Свет»-ы, стæй ахызт æх- сæнад «Нефт»-мæ. Бакойы цардыуаг, горæты сыгъдæгдзинад кæд йæ зæрдæмæ нæ цыдысты, уæддæр быхста, йæ зæрдæ радта куыстмæ, зонгæ кодта царды раззагон фæлтæримæ. Бакойы революцион куыстгæнджыты рæнхъыты бирæ уы- дис ирæттæ дæр. Уыдон, семæ Разден дæр, 1905 азы Бакойы сарæзтой ирон культурон æхсæнады филиал «Ир». Уым райста дæсныйад «техник-электрик». Зæгъын хъæуы уый, æмæ Бако йæ революцион авдæны ауызта Раздены. Ууыл уал дзурæг у, 58
1904 азы Бакойы цы политикон растад уыд, уым Разден райста активон хайад. Разденæй рох нæ уыд Ирыстон дæр, 1905-1907 азты револю- цион дугты партийы бахæсмæ гæсгæ арæх цыд Хуссар Ирмæ, æмбæлд захкус-джытимæ, разæнгард сæ кодта сæрибары сæрыл тохы фæндæгтæм. 1917 азы Разден бацыд Бакойы Сырх гвардимæ æмæ та ахъхъаззаджы хайад райста кусджыты революцион ралæудты. 1906 азы Бакойы профсоюзы уыд стыр æмбырд, цыран бынæттон революционерты æмрæнхъ егъау раныхас уыдис Раз- денæн дæр. Гъеуæд райстой сæ рæнхъытæм Раздены дæр. Бакойы Разден ссис зынгæ революцион кусæг, цалдæр хат- ты ахст дæр æрцыд, фæлæ та-иу раирвæзт сæ дзæмбытæй йæ къæхты руаджы. Арæх ивта йæ бынат, куы Дзæуджыхъæумæ цыд, куы Цхинвалмæ. Азербайджанагау хорз кæй зыдта, уый дæр ын бирæ рæтты баххуыс кодта хицæуттæй йæхи фæтылиф кæныны хъуыддаджы. Разден цыди, зымæгон арф миты лæгæрдгæйæ, Цъалагомæй Цæгатмæ. Йæ фæндаг акодта Дзомагъыл, зынтæй ссыдысты Дзугаты хъæумæ. Георгийы фыд Хасæхъо, стæй уæд иннæ би- нонтæ дæр зæххыл æрбадын нæ уагътой сæ уазджыты. Дыккаг бон цæуыны къахыл куы ныллæууыдысты, уæд сæ нæ уагъта Хасæхъо, мит бирæ, алы къахдзæфы зæйуæттæ. Хасæхъо скодта къахкъæлæттæ æмæ сæ æфцæгæй ахизын кодта. Разден Цæгат Иры хъуыддæгтæм куы акаст, уæд бамбæрста, бæстæ змæст, хæццæ кæй у, Деникины æрдонгтæ туджы зæйтæ кæй уадзынц. Уыдта æмæ æмбæрста уый дæр, Хуссар ныггуып- пæввонг кæй у сæрибары сæрыл тохмæ. Уыцы уæззау дугты, 1918-1921 азты Хуссар Иры революци- он тохты активон хайад райста Разден. Æгæрстæмæй йын 1919 азы бантыст Къахеты, Лагодехы районы сусæг большевикон дæластæрдон къорд саразын, цæмæй растой гуырдзыстоны меньшевикон хицауады ныхмæ. Æввахс кодта 1920 аз. Уыцы аз, майы мæйы, Разден æвзæрст æрцыд Хуссар Ирыстоны кусæг, зæхкусæгон дæластæрдон къор- ды уæнгæй. 59
Сфыхт Разден алы тохты, федта йæхи цæстæй июны мæйы 1920 азы адæмы æд гæрзтæ растад, куыд æрцыд расидт Советон хицауад Онæй Душетмæ. Уым хайадисгæйæ, уыдта гуырдзыйы меньшевиктæ, туг бануазыныл фæстиат чи нал кодта, уыдон куыд ныббырстой Хуссар Ирмæ. Тох уыд æнæмсæр, Хуссар Ир басыгъд, бирæ зиæнттæ æрцыд адæмыл, лидзæг адæмы тæригъæдæй зæхх скъуыдтæ кодта. Ирыстоны сæрбостæ, уыдонимæ Разден дæр, архайдтой адæмы къух фæрæуæг кæныныл. Стыр маст æмæ сагъæссаджы фарст уыд уый дæр, куыд бабын сты Хуссар Иры бригад Бургъустаны. Уыцы вазыгджын хъуыд- даг равзарыны тыххæй цы къамис арæзт æрцыд, уый сконды уыдис Разден дæр. «Фыдбон æмæ фыдызнагæн цæрæнбон даргъ нæ вæййы», - зæгъы нæ фыдæлты æмбисонд. Рæстаг революци фæуæлахиз, знæгтæ лидзæг, дæрæнгонд æрцыдысты, фæуæлахиз Советон хицауад, ног хур ракаст Хуссар Ирыл. Адæм райдыдтой сæ сыгъд уæзгуытæм здæхын. Ног цард йæ къахыл сæвæрыны хъуыд- даджы егъау уыд Раздены хайбавæрд. Æппæт йæ тыхтæ радта уымæ, цæмæй лигъдæттæ æрфидар, æрбæстон уой, æнæбары къуымтæ саразой, дзаума, къæбæрыл ма тыхсой. Алы хъуыддаджы дæр домбай лæг уыд Разден. Разденимæ иумæ - Санахъоты Серо, Дзаттиаты Алыксандр, Плиты Арон æмæ æнд., стыр кад уыд сæ дзыллæйы хсæн. 1922 азы Разден уыдис Фæскавказы Советы 1-съезды деле- гат, уæд æмхъæлæсæй æвзæрст æрцыд Фæскавказы Централон Æххæстгæнæн Комитеты уæнгæй. 1932 азы æвзæрст æрцыд зæронд большевикты æхсæнадмæ, уæд ын лæвæрд æрцыд куысты хъæбатыры ном, хорзæхджын æрцыд йæ цæсгомджын куысты тыххæй Фæллойады «Сырх Ты- рыса»-йы орденæй. Ног хицауады сконды бирæ бæрнон бынæтты бакуыста Разден. Уыд Хуссар Ирыстоны Совнархозы сæрдар, Централон Æххæст- гæнæн Комитеты сæрдары хæдивæг, Хуссар Ирыстоны обкомы уаенг, Фæскавказы Централон æххæстгæнæн Комитеты уæнг, Хус- сар Ирыстоны собезы къухдариуæггæнæг. 60
Зæрдæрухс уыд ног царды хæрзиуджытæй, адæмы царды размæцыды фæндæгтæй, ног хуры хъарм тынтæй. Æцæг цард бафтыд къухты, кусын, змæлын дзы кæй хъæуы, уый хорз æм- бæрста Разден æмæ змæлыд, куыста, архайдта, æхсæв нæ хуыс- сыд, бон нæ бадт, зылдис Ирыстоны къуымты æмæ амыдта фæн- дæгтæ адæмæн царды хостæ ссарыны хъуыддаджы. Дуг йæ бон калы, арæх ивы йæ хуыз, чи уыд æнхъæл, рæхджы Раздены хуызæттæ нал уыдзысты, уымæн. Къаннæг Ирыстоны сæрмæ иугай зынын райдыдтой сау тырысатæ 1937-38 азты. Ба- саухæдзар Разден дæр, цытæ йын кодтой, цы уавæрты йæ барвы- стой мæрдтæм, уыдон ма райхъуыстысты дам-думтæй. Дзæнæты бадæд фыссæг-фронтовик, Советон æфсады бул- къон Гаглойты Никъала, хорз зонгæ уыд Разденимæ. 1928 азы, Раздены куы æрцахстой, уæд Никъалайыл цыдис 62 азы. Раз- дены царды хабæрттæ, йæ ревовлюцион тохы фæндæгтæ, стæй уæд йæ егъау æхсæнадон куысты фæстиуджытыл зæрдæбын ныхæстæ фæкодта йæ чиныг «Самородок»-ы, кæцы мыхуыры рацыд Цхинвалы 1962 азы. Раздены байсæфты тыххæй афтæ зæгъы: «В 1938 году вдали от родных гор, на Крайнем Севере, трагически оборвалась пол- ная мужества и благородства жизнь бывшего бакинского рабо- чего, пламенного революционера, коммуниста-ленинца, само- родка Раздена Шамеловича Козаева». Никъала йæ фыссы зæрдæрисгæйæ, фæлæ йæ ныфс саст нæу, фидарæй йæ зæгъы: « Но такие, как он, не умирают, а, сегодня, дарят людям тепло и свет». Зæгъы ма Никъала уый дæр: « Не только Юго-Осетинский народ, но и трудящиеся города Баку с любовью и уважением произносят его имя». Æнусон уæд сæ ном, адæмæн цард æмæ амонд чи æрхаста, Ирыстоны сæрмæ рухсы цырæгътæ чи ссыгъта, йæ дзыллæйæн сæрбос дæр, стæй уæд, уырдыглæууæг дæр чи уыд, афтæмæй уæлдæр ракойгонд азты чи бабын, уыдонæн. 100 азы сæдæ боны не сты. Æнус рацыд, фæлæ ма абон дæр хъæрзæм нæ цæфтæй. Уыцы æбуалгъы дугæй нæма сулæфыдыс- тæм æмæ нæм 36-37 азты æрбауасыд сау халон. Бирæ хæдзæрттæ фесæфтой сæ дарджыты, бирæ хæдзæртты рæстæй сбадт знаджы 61
ном, Ирыстон та фесæфта йæ раздзæуджыты, йæ ныфсыты. Уæд- мæ та ралæууыд Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Цы лæггаг фæлтæр ма нæм уыд, уыдонæн та сæ цæхæр зынг уым аххуыссыд. Уыцы æнæферохкæнинаг рæстæгыл дæр æххæст кæны 75 азы. Ацы зæрдылдаринаг боны дæр, Ир æмæ Ирыстонæн бирæ дзуринæгтæ ис, цы загътой, уыдæттæ фагæй фылдæр сты. Ахъуыдыгæнгæйæ, фидарæй зæгъæн ис, Ир у Æвдудон. Сфæ- рæзтам та стыр тугкæлдтимæ дыккаг геноцид дæр. Стыр Уæрæсе- йы руаджы не ’нусон знаг, Гуырдзыстоны лæджыфыдхор бирæгъты фæндиаг нæ фестæм. Цæй, мах та уыйбæрц амонд уæд, абон кæй мысæм, уыдон цæуыл тох кодтой, сæ цард цы хъуыддæгты фæдыл радтой, уы- дæтты куыд нæ ферох кæнæм. Ирон иронæй цы баззайа, Ирыс- тон дидинæг цы ’фтауа, йæ хæрзгæнджытимæ цæрын цы зона.
ДЖИОТЫ НИКЪАЛАЙЫ ФЫРТ ИЛЛАРИОН ИЛЛАРИОН - ДУГТЫ ФÆДИСОН Хуссар Иры историйы йæхи хайбавæрд ис Джиоты Иллари- онæн. Лæппуйæ базæрондмæ уыд æнæрынцой зæрдæйы хицау. Ирон лæджы хорз миниуджытæй ифтонг уыд, нæртон лæджы цардæй фæцардис суанг йæ адзалы бонмæ. Хæдзарвæн- дагæн егъау нысаниуæг ис - фыд Никъала дуджы раззагон хъуы- дытæ парахатгæнæг уыд, рæстдзинадыл йæ уд чи хъардта, ахæм ирон лæг. Уыдæттыл фæцалх йе ’взонджы бонтæй фæстæмæ æвзонг Илларион дæр. Илларион райгуырдис Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Мор- гъойы хъæуы 1903 азы. Йæ сабион бонты фылдæр уыдис йæ дадайы æвджид. Æвзонг лæппуйæн йæ фыццаг скъола уыдис Гъуырийайы аргъуанон скъола. Фæстæдæр, 1917 азы та бай- дыдта ахуыр кæнын Дзауы скъолайы. Æвзонг лæппуйы революцийы уылæнтæ тагъд ауызтой сæ авдæны. 1918-1919 азты большевикты партийыуæнгуæвгæйæ, активон хайад райста Хуссар Ирыстоны революцион растадты. Æвзонг лæппуйæн растадты къухдариуæггæнджытæ алыгъуы- 63
зон хæстæ лæвæрдтой: æрвыстой йæ разсгæрстыты, хæс сын кодтой растадонтæм хæринаг фæхæццæ кæныны хъуыддæгтæ, Хуссар Ирыстоны 1918-1920 азты, стæй уæд Бургъустаны цы тугкалæн тохтæ цыд, рæстаг адæм сырд, цагъд куыд цыдысты, Хуссар Ир цъыбыртты сыгъд куыд бакодта, лидзæг адæмыл цы стыр æнамонддзинæдтæ сæмбæлд, цы стыр тохтæ цыд цардæй мæлæты ’хсæн, уыдæттæн æвзонг лæппу уыдис æвдисæн, уы- имæ ма хайадисæг, уыдæттыл дзургæйæ, нæй ахизæн Илларионы иувæрсты. Баззад ын иуцъус мысинæгтæ дæр Цхинвалы уавæры тыххæй, тугдзых меньшевикты ныббырстыты тыххæй. «Меньшевист- ская армия наступала тремя колоннами на Цхинвал. Огневые по- зиции артиллерии противника были расположены следующим образом: шесть пушек у села Тирдзнис, а два орудия у села Арбо. Артиллерийский обстрел по нашей обороне длился два часа. По- том перешла в наступление пехота противника; она двигалась цепью в три ряда. Разгорелся бой. Через три часа противнику удалось прорвать нашу оборону на стыке двух рубежей в райо- не села Прис. Он стал обходить наш левый фланг, что создава- ло угрозу окружения наших частей. Поэтому был отдан приказ на оттупление в направлении Дзау. В тот день к вечеру сильные бои разгорелись в районе села Кехви. Первая рота под коман- дованием Кизо Тедеева подпустила противника близко к себе и открыла сильный ружейно-пулеметный огонь, в результате чего противник потерял около одной роты убитыми и раненными». Цалынмæ ног хицауад нæ фæуæлахиз, не ’рфидар, уæдмæ Ил- ларион уыдис тохгæнæг, революцион фæндæгтыл лæуд. Йæ ахуы- ры хъуыддаг дзы рох нæ уыд, фæлæ уымæ кæй æвдæлд. 1920 азы сæйраг растадæн Илларион уыд йæ тæккæ цæхæры. Хъыгагæн уыцы растад састы бынаты баззад. Гуырдзыйы меньшевикон хи- цауад æнæбыны митæ бакодта Хуссар Ирæн. Басыгътой уыйæп- пæт хъæуты, лидзæг фæкодтой Хуссар Иры дзыллæйы, цагътой адæмы стырæй, чысылæй, зæрондæй, сывæллонæй, сылгоймæг- тæй. Бæстон сæ чи зоны, фæлæ цы бæрæггæнæгтæ ис, уыдонмæ гæсгæ амардтой 5270 адæймаджы. Уыдонæй сылгоймæгтæ -1375, сывæллæттæ - 1844. Æдæппæтæй фæлидзæг адæмæй фæмард 15 64
мины, ома Хуссар Ирæн йæ 20%. Ис ма æндæр бæрæггæнæнтæ дæр, цыран сæ нымæц хизы 40 минмæ æввахс. Хуссар Иры лигъдæттæ Цæгат Иры æнцад не ’рбадтысты, ба- хъуыд сæ уым дæр тох кæнын урсгвардионты ныхмæ. Хуссар Ирæй арæзт æрцыд сæрмагонд полкъ, æрвыст æрцыд Бургъустанмæ. Цы сыл æрцыд, цытæ баисты, уый егъау фарст у (ж. «Фидиуæг» 6, 2019, историк Пухаты Къ., уац.], цыбыртæй йæ зæгъдзынæн, полкъыл гадзрахатæй рацыдысты, фынæйæ сæ æрæййæфтой, тынг бирæ дзы æрцыд цагъд. Чи ма дзы раирвæзт, уыдонæй иу уыдис Илларион дæр. Ралæууыд 1921 аз, ног хицауад расидт æрцыд кæройнаг бæс- тæты дæр, уыцы нымæцы Хуссар Иры дæр. Лыгъд адæм здæхын райдыдтой сæ райгуырæн зæхмæ, сæ сыгъд уæзгуытæм. Цы уавæрты арæзтой сæ дарддæры цардыуаг, уый егъау фарст у фæ- лæ зæгъын хъæуы уый, нæ ныхасы сæр цы ирон мызыхъхъ лæп- пуйыл у, уый тыххæй. Ног дуг цы ахсджиаг хæстæ æвæрдта йæ разы, уыдонæй иу- варс нæ ахызт Илларион дæр. 1921 азы æвзæрст æрцыд Дзауы районы фæскомцæдисы секретарæй. Куыст цардæн - фæрæз. Ууыл хъуыдыгæнгæйæ æвзонг лæппу балæууыд Садоны, ссис шахтер, йæ куысты æмрæнхъ йæ бæрны уыдис фæскомцæдисты куыст дæр, уыд бæрнон секретарь. Дуджы домæнтæ хынцгæйæ, Илларион хорз æмбæрста дарддæр æй ахуыр кæнын кæй хъæуы. Æрыздæхт Цхинвалмæ, 1926-27 азты ахуыр кодта Совпартскъолайы. Уый фæугæйæ та ногæй ахызт æхсæ- надон куыстмæ, нырма уал куыста Ортъеуы, стæй та Дзауы райо- ны фæскомцæдисты комитеты хистæрæй, уый æмрæнхъ æвзæрст æрцыд Обкомы фæскомцæдисы организацийы уæнгæй. Æхсæнадон куыстыты æмрæнхъ, йæ хъуыдытæ фылдæр баст уыдысты ахуыримæ, фылдæр æмæ хуыздæр ахуырдзинад рай- сынмæ. 1927 азы балæууыд Мæскуыйы, райдыдта ахуыр кæ- нын Комфузы. Уый фæстæ, йæ ахуыр адарддæр кодта йæ аспи- рантурæйы. Уый фæугæйæ, æрвыст æрцыд Астæуккаг Азимæ хоры цæттæйы хъуыддаг йæ къахыл сæвæрынмæ. Фæстæдæр та æрвыст æрцыд сахар Грознимæ, цыран Компартийы бахæсмæ гæсгæ куыста пропагандистон къорды. 5* 65
Æнæрынцой зæрдæйы хицау уыд Илларион, активонæй æх- хæст кодта компартийы хæстæ. 1933-37 азты та куыста Скæсæн Сыбыры Черемховы горком партийы къухдариуæггæнæгæй. Æфсæддон хæс бæрноныл нымадта ирон лæппу, фæцыд уыр- дæм дæр 1937 азы, уым æй æрæййæфта Стыр Фыдыбæстæйон хæст дæр. Хæсты азты цытæ федта, цы уавæрты-иу бахауд, уыдæттыл бирæ дзурæн ис, фæлæ зæгъын хъæуы уый, Илларион хæсты быдыртыл кæй фæцыд тохгæнгæ, туджы малты лæгæрдгæ, знаджы æрдонгтимæ æнауæрдон тохгæнгæйæ. Уастырджы йæ рахиз фарс лæууыд кæддæриддæр, хызта æвзонг лæппуйы, сæм- бæлын æй кодта йæ фыды зæххыл. Хæстон лæг дарддæр рай- дыдта сæрибары дуджы йæ куыст. Фæсхæсты, 1947 азæй фæстæмæ, Илларион йæ цард сбаста ахуыр-хъомыладон куыстимæ. Фæкуыста пединституты лек- торæй, уыд экономикон зонæдты кандидат, доцент. Ирон лæг- дзинæдтæй дарддæр, уый уыд йæ хъуыддаг хорз чи зыдта, амонынмæ дæр чи арæхст, фæсивæды зæрдæтæм фæндаг чи ардта, ахæм адæймаг - лектор. Ацы рæгъытæ фыссæг дæр йе ’студент уыдис. Абоны-бон дæр мæ рох нæу Илларионы æддаг хуыз - бæзджын фæтæн рихитæ, æфсæддон кител æмæ галифе хæлаф сæрак цырыхъхъытимæ. Зымæгон йæ пальтойы дыс- ты йæ къух никуы атъыста, уæгъдæппæрстæй йæ хаста йæ уæхсджытыл, тамакойыл зæрдиаг уыд. Уæд йæ предмет хуындис политэкономи. Тынг арæхстджын уыд царды экономикон фарстытæ æвзарынмæ, хорз зыдта К. Марксы «Капитал». Цалынмæ гас уыд, уæдмæ йæ Ирыстоны хицауад, нæ интеллигенци хуыдтой «æртæ революцийы хайадисæг». Уæлдæр æрцыдысты загъд, царды цы фæндæгтыл рацыд, уыдон. Бæлвырд у, стыр уылæнты, стыр скъæрæнты кæй уыд, Бургъустанæй куыдæй раирвæзтысты: йæхæдæг, æфсымæртæ Джиоты Степан æмæ Лентъо, хуыцъейаг Пæррæстаты Тембол, сбайаг Дзаттиаты Уасдже (æз дзы кæй зыдтон 50 азты) æмæ æнд. Уый йæхæдæг легендæты дзуринаг уыд. , Дзауаг Санахъоты Аслан-иу (хуыдтой йæ Дзау даргъ Аслан] фæсивæдæн диссæгтæ дзырдта, уымæн ма йемæ рахæссын бан- тыст къухы пулемет дæр. 66
Зæгъын хъæуы уый дæр, Илларион йæ царды хуыздæр бон- тæ кæй арвыста тохты, алыгъуызон растадты æмæ змæсты- ты. Сæрибары дуджы бинонтæ, хæдзар скæныны хъуыддаджы амондджын уыд, уый зæгъæн дæр нæй. Йæ адæм æмæ йæ Ирыстоны патриот кæй уыд, стыр интерна- ционалист кæй уыд, уый йын ничи байсдзæн. Нæ институты, стæй нæ областы къухдариуагады дæр-иу сæр кæм бахъуыди хъуыддаджы фæдыл зæгъынæн, уым-иу Илларионмæ дзырдтой. Йæ ныхас та уыдис бæлвырд, æргом, хъуыдыджын, ахадгæ - цы- быр æмæ нывыл. Илларион 1920 азы цытæ федта, Бургъустаны зæххыл цы ирæтты туг ныккалд, уыдæтты куы фæфыстаид. Уæд абон ма- хæн нæ къухы уаид бæлвырд историон хабæрттæ. Дзургæ сæ арæх кодта, уæлдайдæр Октябры Революцийы бæрæгбонты рæстæджы. Чизоны, фысгæ дæр ныккодта ацы хабæртты, фæ- лæ дзы мах къухы ницы ис, йæ хæдзары æнæбары муртимæ ба- хъахъхъæдгонд не ’рцыдысты йæ фыстытæ дæр. Илларион йæ царды хур æмæ бонæй ницы федта, фыдæбонæн гуырд уыдис æмæ йæ кодта. Амондджын та уымæй уыд, кæй раирвæзт Бургъустаны тугуарæн тохтæй. Куысты домаг, цæс- гомджын, рæстдзинадыл тохгæнæг æмæ диссаг у уый дæр, куыд раирвæзт 1937 азы Тыгъды зæйæ.
ДЖИОТЫ АРСЕНЫ ФЫРТТÆ ЛЕНТЪО ÆМÆ СТЕПАН СÆ ЦАРД - ХÆСТЫ ФÆНДÆГТÆН ЛÆВÆРД Нæ историйы раджы æрцыд загъд, Ир сæ равзæрдмæ гæс- гæ сты рагон адæмы хатт. Рагон адæмæн та ис рагон æмæ хъæздыг истори. Загъд æрцыд уый дæр, нæ истори хъæздыг кæй у трагикон хабæрттæй. Цы ’рцыдис, уымæн раздæхæн нал ис, фæлæ сыл, дзурын та хъæуы, цæмæй сæ зоной нæ кæстæртæ, стæй уæд дунейы рæс- тылдзурæг адæм. Иры дзыллæйы æнтыстытæ Октябры революцийы сæрыл тохты, стæй уæд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты дæр, чи нæ зоны, цъыф сыл чи калы, уый кæнæ куырм у, кæннод та къуырма, чизоны, кæсын дæр нæ зонынц. Æмбаргæ, цæстуарзон куы уаик- кой нæ дзыллæйыл цъыф чи калы уыдон, уæд бакæсиккой Ирыстонæн фыццаг æмæ дыккаг геноцидты æрмæджытæ æмæ бамбариккой, Ир цы стыр туг ныккалдтой, Ир цы лæгдзинæдтæ равдыстой, уыдоны дунейы æмбаргæ дзыллæйад дисæн кæй хæссынц. 68
«Гæды фиумæ куы нæ феххæссы, уæд æй мархо хоны». Уый нæ фыдæлты рагон æмбисонд у. Загътой ма дыккаг æмбисонд дæр: «Хæлæгæй цард нæй». Хæлæг нæм кæнынц, нæ рыг дæр нын чи не ’ййафы, ахæмтæ. Хæлæг нæм кæнынц Нартæ, Алантæ нæ разагътайы фыдæлтæ кæй уыдысты, уый фæдыл, нæ диссаджы кæфтыты, нæ æгъуыстаджы æгъдæуттыл, ласынц сæ сыфцæй сæхирдæм, фæлæ сæ къухы не ’фтынц, уымæн æмæ рæстдзинады ауæдзы сæрты нæй ахизæн. Æгас Уæрæсе йæхи цæттæ кæны Стыр Фыдыбæстæйон хæс- ты фæуæлахизы 75 азы банысан кæнынмæ. Хуссар Ир та хъуамæ банысан кæна канд Уæлахизы бон нæ, фæлæ ма йæ фыццаг геноциды бон дæр. Октябры революцийы сæрыл тохты, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты, Ир бирæ туг ныккалдта, тохы быдыртæй хъуыст сæ хъæр: Кæнæ сæрибар, кæннод та - мæлæт. Сæрибардзинад райс- той, æцæг сын зынаргъ слæууыд. 1920 азты гуырдзыстоны меньшевикон хицауад басыгътой Хуссар Иры, ассывтой фæллæйтты, фæсырдтой, фæцагътой адæмæй 5 мины, æмткæй та адæмæй фæхъуыд 15 мины. Уый уыд иу стыр æнамонддзинад. Дыккаг æнамонды хъуыддаг та уыдис, Бургъустаны ирон полкъы ныццагъд. Полчъы сконды уыд 1500 адæймаджы. Сæ нымæцы фылдæр хай уыдысты Хуссар Иры хæстонтæ. Мæнгарддзинад, гадзрахатдзинад ам дæр егъау ролы схъа- зыд. Фæллад, хуыссæгхъæлдзæг æфсад цагъд æрцыдысты бо- нырдæм, сæ къухы ма бафтыд хъаматæ æмæ æхсаргæрдтæй схæ- цын. Цас байсæфт ацы полкъæй, уый зын зæгъæн у Иутæ фыс- сынц, байсæфт дзы 1333 адæймаджы. Аннæтæ фыссынц - 552 хæстоны. Уыцы полкъæй чи раирвæзт, уыдонæй иу уыд зынгæ революционер, поэт, прозаик æмæ драматург Беджызаты Чер- мен. Уый та ацы темæйыл куы фыста, уæд йе ’мдзæвгæтæй иу схуыдта «Æртæ сæдæ æмæ æрдæг æрхуыссыд!». Ардыгæй та зæ- гъæн ис, Хуссар Иры хæстонтæй уым фæмард 350 хæстоны. Нæ хæстонтæй чи раирвæзт, уыдонæй ацы рæгъытæ фыссæг зыдта - Джиоты Степан, Лентъо, Дзаттиаты Уасдже æмæ Пæр- рæстаты Темболы. 69
Нæ ныхасы сæйраг тых здæхт у æфсымæртæ Джиоты Степан æмæ Лентъомæ. Сæ дыууæ дæр уыдысты Хуссар Иры геноци- ды цæхæры, ног сæрибар царды сæрыл активон тохгæнджытæ, Бургъустаны тугкалдтыты архайджытæ. Уыдысты цыппар æф- сымæры æмæ æртæ хойы. Æфсымæрты хистæр Уано (Иван) бай- сæфт Фыдыбæстæйон хæсты, кæстæр æфсымæр Тъарас æры- здæхт цæфтæй, фæцард 1962 азмæ. Æфсымæртæй Иван, Степан æмæ Лентъо - дыууæ дуджы зи- уæттæ, ног царды сæрыл тохгæнджытæ, хайад истой мидхæсты, революцийы сæрыл тохты, гуырдзыстоны меньшевикон хица- уады ныхмæ, советон цардыуаг сфидар кæныныл. Кæстæр æфсы- мæр Тъарас уыдис Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг. Хæс- ты агъоммæ дæр, фæсхæсты дæр егъау уыд се ’хсæнадон куыст. Хотæ Маруся, Верæ æмæ Наташæ сæхи базонынæй сæ амæлæтмæ сæ тыхтæ радтой адæмæн лæггад кæныны хъуыддагæн. Маруся æмæ Верæ - æрыгон фæлтæры хъомылгæнджытæ, Наташæ та - нæ театры зынгæ актрисæ, йæ царды хуыздæр бонтæ схæлар код- та Хуссар Иры драмон театры сценæйæн. Хуссар Ир фыццаг геноцидмæ кæм цæттæ кæны йæхи, уым нæй ахизæн Джиоты Степан æмæ Лентъойы иувæрсты. Зæгъæм уал сыл куыд хистæрæй. Ацы мады зæнæг уыдысты Дзауы районы хъæу къодибынаг. Уым райгуырд Степан 1897 азы зæхкусæг бинонты хæдзары. Фыд Арсен, мад Гæбæриан - зындгонд уыдысты уæздандзинад, сæ цæхх æмæ сæ къæбæрæй, нымад хæдзарвæндаг уыдысты. Сæ бон, сæ уавæр сæ цæмæй самыдта, уымæй сæ зæнæгæн радтой æмбæлон хъомылад, æмбæлон ахуырдзинад. Степан фыццаг ахуыр кодта хъæу Жыриайы райдиан скъо- лайы, стæй та Владикавказы æфсæддон училищæйы. Уырдыгæй 1915 азы æрвыст æрцыд Тифлисы прапорщикты скъоламæ. Уæдæй фæстæмæ, Степан йæ царды фæндæгтæ сбаста æфсæд- дон хъуыддæгтимæ. Училищæйы фæстæ ацыд æфсадмæ, хæ- цыд Турчы фронты, уым базонгæ сусæг революцион куыст- гæнджытимæ, уæдæй райдыдта йæ революцион куыст. 1917 азы, февралы революцийы фæстæ, егъау революцион куыстмæ бавнæлдта Степан, æфсæддон службæйы рæстæджы ссис зынгæ революционер. 70
1919-1920 азты; æфсадæй æрыздæхгæйæ, æппæт йæ тыхтæ радта революцийæн, активон хайад иста зæхкусджыты æппæт растадты дæр, хъазуатонæй хæцыд гуырдзыйы меньшевикон хицауады ныхмæ, Цæгат Иры та урсгвардионты ныхмæ Бургъу- станы зæххыл. Бургъустаны зæххыл нæ ирон полкъ цы æрхъулайы бахауд, уым уыдысты дыууæ æфсымæры дæр, уым фæцис уæззау цæф Степан. Йæ къахы цæф дохтыры фыдæй асайдта хæраммæ æмæ йæ йæ амæлæтмæ хъыг дардта, йæ мæлæт дæр уымæй æрцыд 1957 азы. Йæ къахы тыххæй хайад нæ райста Фыдыбæстæйон хæсты. Уый хардз, егъау уыд йе ’хсæнадон куыст знаджы фæс- чъылдым. Ног, советон дуджы къæсæрыл, 1920 азы бацыд большевикон партийы рæнхъытæм, куыста алыгъуызон бæрнон бынæтты. Алыран, алы куысты дæр ын уыд кад, уымæн æмæ йæ бæрны- уæвæг куыстыты уыд цæсгомджын, æгъдауджын. Куыста Хуссар Ирыстон ЧОН-ы. Дзауы районы райком партийы, Хуссар Ирысто- ны Обком партийы хыгъдон хайады хистæрæй, курортон управ- ленийы директорæй, паддзахадон бангы къухдариуæггæнæгæй, дзæвгар азты та уыд нæ пединстиуты æфсæддон кафедрæйы разамонæг, æфсæддон хъуыддæгты ахуыргæнæг. Йе ’мкъай Санахъоты Нинæимæ фæцард хæларæй, уарзонæй, рæстæй. Хуыцау сæ зæнæджы ’рдыгæй фæхъыг кодта, фæлæ уымæн дæр Степан ссардта мадзал, йæ хистæр æфсымæр бай- сæфт, фыдыбæстæйон хæсты Къабардайы зæххыл. Баззад ын фондз сывæллоны. Райста дзы иу чызджы æмæ йæ фыды хъо- мыл скодта. Йæ рæстæджы цынæ саразай, уымæн фæстæдæр йæ хъуыддаг рохуатмæ цæуы. Абоны-бон æвдисæнтæй, мадызæнæгæй, гас ничиуал ис, фыст ыл ницы æрцыд, æмæ та йæ ам дæр зæгъæм, нæй фаг æрмæджытæ, цæмæй Степаны хуызæттыл цæстуарзон ныхæстæ фæкæнай. Мады гуыбыны дæр, дам, хъулæттæ вæййы. Ахæм хъулонæй ницы уыд æфсымæртыл Степан æмæ Лентъойы ’хсæн. Лентъо дæр рацыд царды дыркъуым фæндæгтыл. Фæцард 93 азы, фæлæ уыцы азтæн сæ фылдæр сты цардагурæджы, сæрибары сæрыл тугуарæн тохты фæндæгтæ. 71
Лентъо дæр Къодибын райгуырдис, уым арвыста йæ сабион бонтæ. Уымæн дæр йæ фыццаг скъола уыдис Жриайы райдиан скъола. Дарддæры ахуырæн ын фадат нал уыд, кодта хæдзарон куыстытæ суанг 1918 азмæ. Царды цы стыр уылæнтæ цыд, уыдонмæ æвзонгæй æрдардта йæ хъус, æвзонгæй райдыдта хайад исын революцион змæлдты. Хуссар Ирыстоны цаутæ 1917 азæй йæ иувæрсты нæ ауагъта Лентъо, 1918, 1919 азты Хуссар Ирыл цытæ æрцыд гуырдзыс- тоны меньшевикон хицауады къухæй, куыд бабын кодтой Хус- сар Иры, уыдæтты уыдта йæхи цæстæй, сæр кæм хъуыдис, уыцы хъуыддæгты активон уыд йæ архайд, йе змæлд. 1918 азы бацыд партизанон рæнхъытæм, хайад иста æппæт растадты дæр, аккаг ныхкъуырд лæвæрдтой меньшевикты хи- цауады фыдракæндтæн. 1920 азы ссис фæсивæдон организаци «Спартак»-ы уæнг. Йæ тохы фæндæгтæ йæ бамидæг кодтой Бургъустаны тохы быдырты. Уым та аккаг ныхкъуырд радтой урсгвардион бан- дæтæн, ссæрибар кодтой Бургъустан, фæлæ сыл сайдæй кæй рацыдысты, полкъ æрхъулайы куыд бахауд, хъахъхъæнджытæ, къухдариуæггæнджытæ сæ куыд ауæй кодтой, уыдæттæ федта Лентъо йæхи цæстæй æмæ сыл фæстæдæр, газет «Советон Ирыс- тон»-ы рыстзæрдæйæ, мастæлгъæдæй фыста, карзæй æфхæрдта сæ полчъы къухдариуæггæнджыты, уыимæ иумæ, Цæгат Кавказ кæй бæрны уыд, Орджоникидзейæ райдайгæйæ, уыцы хицæутты дæр. Джиоты Лентъо уыдис Цæгат Кавказы Советон хицауад æр- фидар кæныныл карз тохы цæхæры чи уыд, уыцы революцио- нерты рæнхъыты. Фæуæлахиз революци, дæрæн æрцыдысты революцийы знæгтæ, адæм бавнæлдтой царды хостæ сæ къахыл сæвæрынмæ, активон уыд Лентъойæн йæ куыст партион æмæ хъæууонхæдзарадон хъуыддæгты. Ралæууыд Хуссар Ирыстоны Советон хицауад, Лентъо кад æмæ радимæ хаста Сырх партизаны ном, партийы рæнхъытæм та бацыд 1927 азы. Стыр куыст бакодта Лентъо фæстæмæ æрыздæхгæ адæмы хъуыддæгтæ бабæстон кæныны хъуыддаджы. Сыгъд уæзгуы- тæм æрыздæхæг лигъдæттæ ифтонг цыдысты хæринаг, дзаума, 72
цæрæн къуымтæй. Æппæт хъуыддæгты дæр Лентъо уыдис ак- тивон хайадисæг. Æвзæрст æрцыд Цхинвалы райком партийы нымæрдарæй. Фæкуыста дзы 1941 азмæ, уыцы куыстæй ацыд фронтмæ дæр, цыран уыдис суанг йæ фæудмæ. Йæ сæйраг куыст уыдис политрукы куыст. Цы стыр тохты бахауд, уыдонæй иу уыдис Севастополь ссæрибар кæныныл тох, карз тохтæ цыд Сауденджызы фидар сисыныл. Уыцы тохты хайадисæг уыдис Лентъо дæр. Бургъустанау, ам дæр бирæты зынг баххуыссыд, Лентъо сын арæх мысыд сæ рухс нæмттæ. Уыцы тугуарæн тохты дзæвгарæй бахаудтой немыцмæ уаца- ры, уыцы нымæцы Лентъо дæр. Йæ къорд Лентъойы афтæ бирæ уарзтой æмæ никæйы дзыхæй схауд знаджы раз, Лентъо комму- нист кæй у, кæй у Сырх Æфсады политрук. Лентъо ма активон хайад райста 1944 азы Варшавайы раста- ды, цыран карз тохтæ уыд фашистон Германы æфсады ныхмæ. Фæуæлахиз Советон Цæдис, хæствæлладæй сыздæхт йæ рай- гуырæн уæзæгмæ Лентъо дæр. Нырма куыста сылгоймæгты скъолайы бухгалтерæй, стæй та истори æмæ географийы ахуыр- гæнæгæй Арчънеты скъолайы. 1958 азы рацыд пенсийы, фæлæ йе ’хсæнадон куыстыл йæ къух никуы систа. Хицауад ын йæ бæрны бакодта хойраджы базæйы къухдариуæгад. Йе ’фсымæртау Лентъо дæр уыд рæстдзинад æмæ цæсгом- джын хъуыддæгтыл фидархæст адæймаг, домаг уыд йæхицæй дæр æмæ йæ бæрны цы кусджытæ уыд, уыдонæй дæр. Уый тыххæй йын егъау кад уыд хицауады, стæй Иры дзыллæйы ’хсæн дæр. Æнгом æмæ уарзæгой бинонты хицау уыд Лентъо. Зæнæджы хистæр - фырт Алим, йæ цард сбаста æфсæддон хъ- уыддæгтимæ, схызт булкъоны чинмæ, ис пенсийы - чызджытæ: Ульянæ æмæ Замирæ нæ пединституты фæстæ бирæ бæрнон бынæтты фæкуыстой, ныртæккæ уыдон дæр сты улæфты. Амард Лентъо 1996 азы. Бирæ ныхæстæ уыд йæ марды чыры- ны уæлхъус хицауады ’рдыгæй дæр, стæй уæд хиуæттæ, мыггаг, æмгæртты ’рдыгæй дæр. Сæ ныхас-иу балхынцъ кодтой ахæм ныхæстæй: «Ушел из жизни замечательный человек, истинный сын своего народа, патриот, влюбленный в свою исконную зем- лю и ее жителей». 73
Уæлдæр æй загътон, хорз зыдтон Лентъойы. Уындæй, кон- дæй, зонд æмæ æгъдауæй хуыздæр лæгæн скæнæн нæ уыд. Лентъойы хуызæттыл бирæ дзурæн ис, фæлæ нæ баззад фыст æрмæджытæ. Йæхæдæг йæ рæстæджы Джиоты Илларионыл, Бургъустан æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæгыл, цы уац ныффыста, иу ахæм æрмæг куы баззадаид Лентъойæн йæ- хиуыл дæр, уæд абон нæ ныхасы уаг æндæр уаид Лентъойыл. Фыдыбæстæйон хæсты активон архайæг, Бургъустаны быдыр- ты туджы лæсæнтыл дзурæг, нæ ахиздзæн Лентъойы иувæрсты. Æппæт хабæрттæй арф æмæ зæрдæбын ныхæстæ загъд æрцæу- дзæн ацы аз май æмæ июны мæйты. Трагикон цаутыл дзурæг сты май æмæ июны бонтæ, уыдонæн рохгæнæн нæй, хъуамæ сæ зоной нæ абоны фæлтæр. Иры фыц- цаг геноцид хъуамæ зоной дунейы прогрессивон дзыллæйад, нæ адæмæй та ма хъуамæ уа рох.
БЕДЖЫЗАТЫ ДАУИТЫ ФЫРТ ЧЕРМЕН 1920 азты фæдисон «Æсласæм æндон фæринк кард Æрдомæм сæрибары цард» (Чермен) Бæрзонд Урстуалгом, Беджызаты Пепе, Леуан, Сланты Гаха æмæ Хъороты Агоры мæсгуыты бæстæ, стæй уæд, сæ фæстæ кады зарæг чи ныккодта, уыцы фæлтæр, Леуан зæнджы магъз кæй рахуыдта. Уыдоны кæд дзæвгар æфсадыл банымайæн нæй, уæддæр нæртон зиуы фаг уыдысты. Зæгъæм сæ: Беджыза- ты Чермен æмæ Уасо, Хъороты Дауыт, Хъазбег æмæ Сослан, Дзесты Куыдзæг, Фæрниаты Дзибуш, Гæлыуаты Аким, Гугкаты Шамил, Сланты Ахмæт, Хæмыцаты Георги. Абоны бон Мæсгуыты бæстæ стæнæг, сфæлахс, фæлыгъды- сты адæм, дзæгъæлæй баззадысты, гал æмæ хъуг æрхуыссыны бынæттыл тугкалд кæм цыд, уыцы бынæттæ. Уыцы бынæттæ та нæ ферох уыдзысты уæдмæ, цалынмæ кæсæм æмæ зонæм уæл- дæр ракойгонд зиууæтты. 75
Уыцы зиууæттæй абон нæ ныхасы сæр у сæ разагътадæр, тох æмæ тугвæдтыл чи фæцыд, фидæны рæсугъд царды сæрвæлтау æрулæфт чи нæ зыдта, æбуалгъы сæфт чи фæкодта, йæ ингæн дæр кæмæн нæ зонæм, уыцы Беджызаты Черменыл. Чермен рацыд, Тыбылты Алыксандр ирон Гомер кæй хуыдта, уыцы Леуаны хæдзарæй. Нæргæ хæдзарвæндаг уыдысты. Иры- стоны сæ ном хъуыстгонд уыд Пепе, Леуан, Дауитæн. Революци, мидхæст, 20 азты геноцид ныххафта Дауиты хæдзары, йæ хистæр фырттæ Герас æмæ Чермен байсæфтысты 1937 азы, хæдзарыл сбадт ном - «Советон хицауады знæгтæ». Чермены фыд Дауит федта йæ хæдзары сæфт дæр, стæй сæ куыд сраст кодтой, уыцы дуг дæр. Дауиты фыд Леуан бирæ фæ- цард куырмæй, амард 1944 азы, згъæлдысты йæ куырм цæсты- ты сыгтæ, куыдта «зæнджы магъз» кæй хуыдта, уыцы кæстæр- ты сæфтыл. Дауит æмæ Абиан сæ зæнæгæн радтой фæндаг ахуырмæ. Чер- мен нырма ахуыр кодта сæхимæ, стæй Гуры семинары, уырдыгæй æрбаздæхт æд хотых æмæ ссис революцийы салдат, фæстæдæр ак- тивон тохгæнæг. Мидхæст, революцийы сæрыл тохтæ. Ахуыр код- тæ Тбилисы дины семинары дæр. 1920 азы æрцæугæ хабæрттæ, Бургъустаны тугкалæн тохтæ, Гуырдзыстоны бакæнгæ геноцид. Уыдта æппæт дæр, хæцыд хотыхæй дæр, фыссæнгарзæй дæр. Нæ зыдта фæллад, йæ мады зæрдæрыст фарстытæн-иу ахæм дзуапп лæвæрдта: «Нæ тохæй бастайæн нæй, - большевик зындзинæдтæн гуырд у». Революци æмæ ног хицауады æрцыдыл зæрдæбынæй чи ба- цин кодта, уыдонæй иу уыд Беджызаты Чермен. Геноциды дуджы рыст уыд Чермены зæрдæ, фæлæ йе уонг никуы фæцудыдта. Сæ- фынц адæм, лидзынц Цæгатмæ, семæ ис поэт дæр, æмæ тугдзых меньшевиктæн, æртхъирæнгæнгæйæ, зæгъы: «Цæуæм уал Цæгатмæ; Фæстæмæ цæудзыстæм, Нæ къухы æрттивдзæн Октябры кард 76
Нæуæг царды фидар Мæсгуытæ кæндзыстæм, Нæ хæхты ныннæрдзæн Уæлахизы зард». Æрфидар Советон хицауад, Чермен уæхскуæзæй бавнæлдта егъау æхсæнадон æмæ литературон куыстмæ. Уыдис газет «Хурзæрин»-ы редактор, зонад-иртасæг институты директор, Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар, журнал «Фидиуæ- г»-ы редактор. Ног дуджы Мæскуыйы каст фæцис журналисти- кон факультет. Йæ удæгасæй фæзындысты йæ чингуытæ: «Кардæлвæс- тæй»-1933; «Мæсгуытæ дзурынц»-1935 аз; «Ссыгъди цард» - журнал «Фидиуæг»-1930; уыд «Интернационал»-ы фыццаг тæл- мæцгæнджытæй. Хуссар Иры дзыллæ сæхи цæттæ кæнынц фыццаг геноциды бон банысан кæнынмæ, ахæм хъуыдыимæ: уадз, дунейы прогрес- сивон адæймагад зоной, чи сты йæхи гуырдзиаг гъирсиани адæм чи хоны, уыдон, зоной рагæй фæстæмæ дæр сын дойны кæй у искæйы тугæй, зоной, сæйраджыдæр, уый, Ир уæддæр æмæ абон дæр рæстæй цагъд кæй æрцыдысты уый тыххæй, мах ирæттæ кæй стæм. Загъд æрцыд уый дæр, 1920 азы геноциды æрмæджытæ фа- гæй нæ къухы не сты. Нæ ныхас у Беджызаты Черменыл, уыцы тохты чи уыд, туджы фæндæгтыл чи фæцыд, уæддæр цыдæртæ ныффысын кæмæн бантыст. Революци æмæ мидхæсты темæ 1920-1930 азты аккаг бынат æрцахста поэт, прозаик, драматург Беджызаты Чермены сфæл- дыстады. Чермен - революцийы салдат, æхсæв нæ хуыссыд, бон нæ бад- тис, революцийы хъуыддагæн йæ сæр нывондæн хаста. Нæ уагъта йæ литераторон куыст дæр. Цынæ темæйыл фыста Чер- мен, цынæ фарст ын нæ агайдта йæ зæрдæ. 1920-1930 азты æрцæугæ хабæрттæн йæхæдæг уыд æвдисæн. Уымæн фыста, зæгъгæ, нæ тохæй фæллой нæй, уымæн æмæ болыпевик зын- дзинæдты лæгу. 11
Чермены поэзийы, драматургийы, стæй йæ прозæйы дæр ак- каг бынат æрцахста 1920-1930 азты темæ. Революци æмæ мидхæсты азты Чермен активон кусæг уыд, æппæтдæр йæхи цæстæй федта, æппæтдæр йæхи бæрзæйыл бавзæрста. Дугъы диссæгтæ федтой Чермен æмæ йæ адæм 1920 азты. Сæфты дуг уыд, кæнæ сæрибар, кæнæ мæлæт. Ахæм уыд нæ адæмы хъуыды, нæ адæмы тохы лозунг. Уыцы æрцæуæг хабæрттæн рохгæнæн нæй, уыдæтты зæрдылдарын кæй хъæуы, уый тыххæй фыссы Чермен йе ’мдзæвгæ «1920 аз», цыран, фæ- дзæхсæгау, æлгъысты охыл зæгъы: «Æссæдзæм аз махæй Кæмæй фæуа рохы, Уый не ’хсæн æлгъыст уæд фæлтау. Нæ тугсырх тырыса, Нæ тугхъулон хохы Сырх-сырхидæй дардмæ фæйлау». 1920 азы Хуссар Ирыстон тард æмæ сыгъд æрцыд Гуырдзы- йы меньшевикты къухæй. Поэт уыцы нывтæм кæсгæйæ зæгъы: «Цыма мын мæ зæрдæ стыдта бынæй». Мидхæсты азты, революцийы сæрыл тохты Чермен хæцыд топп æмæ кардæй, фыссæнгарз æмæ аив дзырдæй. 1920 азы Хуссар Ирыл Гуырдзыйы меньшевикты къухæй цы æрцыд, уыдон базонын, уыдон сахуыр кæнынæн иууыл ахсджи- агдæр у Чермены очерк «Ссыгъди цард». Тугуарæн тохты Черменæн цы фадат уыд, уымæй фыста, цы уыдта æмæ цы рцыд æмæ ма æрцæуинаг цы уыдзæн уыдæт- тыл дæр. Чермен æрулæфт нæ зыдта, хъæуы тох, уæд хæцыди, æрулæфт ис, уæд та - фысгæ. Уыцы революцион тохты Чермены фарсмæ бирæ сахъгуырд лæппутæ уыд, уæлдайдæр та Дзаттиа- ты Алыксандр æмæ Санахъоты Мате. Иухатт Мате Черменæн афтæ зæгъы, зæгъгæ, цы хъавыс уы- цы фыссынæй, меньшевикты уымæй фæсурынмæ хъавыс. Абон, мах та зæгъæм: Чермен уæд афтæ куынæ бафыдæбон кодтаид, уæд махæн нæ къухы ахæм зынаргъ очерк-бонæг, куыд «Ссыгъ- ди цард», нæ уаид. 78
Аивадон уацмысты æхсæн бонæгæн цы нысаниуæг ис, уæл- дайдæр та «Ссыгъди цард»-æн, уый раст банысан кодта йæ рæстæджы дзæнæты бадинаг Дзуццаты Хадзы-Мурат, кæцы фыста: «Бонæг у рæстæджы уылæн, йе змæст, йæ рæсугъд, йе знæт, йæ цадæг, йæ гуырысхотæ, йæ зынтæ». Æмæ, æцæгдæр, Чермен йæ бонæг фыста Ирыстоны стыр змæлды рæстæджы, революци æнхъизыны дуджы. Уæд Чермен фыста: «Мæгуыр æфхæрд адæмы мæстæй мæстджын дæн, сæ ри- сæй риссы мæ зæрдæ». Чермен революцийы азты æнæрынцой уыд, йе ’взонг уд рап- пар-баппар кодта, хæдзар нал зыдта æмæ йын тæригъæдгæн- гæйæ йе стыр мад æмæ йæ фыды фыд афтæ зæгъынц, зæгъгæ, цæуыл у дæ тох, цы схæтæнхъуаг стут де фсымæртимæ. Адæмæн цы фаг кæны, уый махæн дæр сфаг уыдзæн. Чермен сын æмба- ры сæ уавæр æмæ сын, тæригъæдгæнгæйæ, ахæм дзуапп дæтты: «Мæгуырæг! Уый не мбарынц, нæ куыстæй бастайæн кæй нæй, нæ тохæй - бафæллайæн». Меныневикты æфсад бахæццæ сты Ручъы онг, пырх кодтой, сыгътой зынгæдæр большевикты хæдзæрттæ, Чермен уæд йæ бонæджы фидарæй фыссы: «Ручъы знагæн раттинаг не стæм! Уæд Хуссар Ирыстон лыг æрцæудзæн Советон Цæгат Кавказæй æмæ дзы нæ партийы куыст ахуысдзæн». Беджызаты Чермены хъуыды æргом уыд: меньшевиктæ Хус- сар Ирыстоны фæхицæн кæной Цæгатæй, æрцахсой бацæуæнтæ æмæ рацæуæнтæ æмæ сæ «Рагуыпп кæной Советон Уæрæсейы раз». Чермен хорз æмбæрста дуджы вазыгджындзинад, æнхъæлмæ кæсы æххуысмæ Калачы ’рдыгæй дæр æмæ Дзæуджыхъæуæй дæр. Адæм сфæлмæцыдысты æнхъæлмæ кæсынæй дæр, ты- рныдтой тохмæ. Чермен сæ иргъæвта, уымæн æмæ хæцынæн бирæ æфсад хъуыд, æфсадæн та - хæцæнгарз. Ручъы фæсивæдæй чидæртæ фæрæдыдысты, расидтысты Советон хицауад. Чермен сын æмбарын кодта сæ рæдыд фæндаг. Черменæн дзы иу зæронд лæг афтæ зæгъы æртхъирæнгæнгæйæ: «Ай иууылдæр дæ аххос у, куыдзы фырт. Уæй нæ кæныс меныневиктæн! Фæлæ йæ мады фæччийы бын бабырæд, дæ коммæ чи бакæса, дзидзидай цы- дæр! Мах нæ кæнон кæндзыстæм, нал æй ныууадздзыстæм». 79
Уæддæр Чермен арæхстджын уыд большевикон агитацимæ æмæ хъуыддаг Ручъы æнæ тугкалдæй урæд æрцыд. Чермен йæ бонæджы фыццаг хайы схуыдта «Ссыгъди цард». Ам Чермен егъау аргъ кæны Дзаттиаты Алыксандрæн. Куыд зондджын, æрхъуыдыджын, ныхасмæ оратор, адæм æм æгуып- пæгæй фехъусынц. Иу ран Алыксандры тыххæй Чермен афтæ фыссы: «Адæм æм æгуыппæгæй хъуыстой. Фæлæ дзыхæй сыпп нæ цыд, уæд уый хыгъд дзырдтой цæстытæ, æрфгуытæ, уадул- тæ. Æфхæрд царды коймæ цæстытæ тар сыгъд кодтой, æрф- гуытæ - дыууæ хæцæг калмы æлхынцъытæ, уадултæ - ногуард митау фæлурс!» Бонæджы дыккаг хай хуыйны «Басыгъди цард». Ацы ном бирæ цæуылдæрты дзурæг у. 8 июны хабæртты фæстæ бæрæг фæуæз- заудæр Хуссар Иры уавæр. Нæй æххуысгæнæг, нæй хæцæнгарз, тохы раздзæуджытæй чидæртæ сæхи иуварс айстой, æфсад сæ хæдзæрттæм фæцыдысты. Адæм аивылдысты Цæгатмæ, уæззау у сæ дуг, скъуыйынц фæндæгтыл, стигъынц сæ Цæгат Ирысто- ны урсгвардионтæ. Чермен кæсы æппæт нывтæм зæрдæрыстæй æмæ ма, фæдисы хъæргæнæгау, зæгъы: «Цы фæдæ, парти!» Чермен уыны æмæ зæгъы : «Судзы цард, судзы гæвзыкк Хус- сар Ирыстон. Судзынц. Уадз, судзæд! Басыгъд паддзахы Уæрæсе, фæлæ дзы райгуырд, фæринкау, цæхæркалæг ног Уæрæсе - Октя- бры Уæрæсе! Басудзæд æлдарады Хуссар Ирыстон, райгуырдзæн дзы ног Ирыстон - социализм-коммунизм аразæг Ирыстон». Ацы очеркмæ фæкомкоммæ сты нæ критиктæй чидæртæ. Чермен, дам, алцы нымайы, фæлæ, дам, архайгæ цæуылнæ кодта. Раст у ам Дзуццаты Х.-М. дзуапп: «Чермен фæрсырдыгæй кæсæг нæ уыд. Чермен уыд адæмимæ иугæндзон, сæ мастыл йæ маст тыдта, сæ мæрдтыл йæ цæссыг калдта». Кæронбæттæны зæгъын хъæуы, Чермен æвæллайгæ тохы лæуд адæймаг уыд. Æрбадт нæ зыдта, хуыссæг æй нæ ахста, хъ- арм нæ агуырдта, афтæмæй æд хæцæнгарз, йæ фыссæн сисæй æгъатыр тох самадта ног царды сæрыл. Йæ егъау фыдæбæттæ бæстонæй зынынц йæ очерк-бонæг «Ссыгъди цард»-ы. Æмткæй сисгæйæ, ацы темæ егъау бынат ахсы Чермены сфæлдыстады. Йæ уацмыстæ, йæ очерк «Ссыгъдис цард» æмæ 80
йæ пьесæ «Октябры тырысаимæ» уæрæх æмæ дардыл æвди- сынц Иры дзыллæйы уавæр, сæ тохы фæндæгтæ ног царды сæрыл. Стæй уæд, 1920 азы геноцид Чермены сфæлдыстады хуызæн никæйы сфæлдыстады æрцыд æвдыст афтæ уæрæхæй. Йæ поэзийы уылæнтæ Чермен уыцы дуджы фыста, йæхи цæс- тæй уыдта æппæтдæр. Фæдзæхсгæ дæр уымæн кодта: «Æссæдзæм аз махæй Кæмæй фæуа рохы, Уый не ’хсæн æлгъыст уæд фæлтау» Куырыхон хæдзарæй рацыд Чермен, лæгау-лæг уыд йæ тохы æмæ йæ литературон фæндæгтыл дæр. Цард мæнгард æмæ фæлывд, ныккарста Ирыстоны дæр 1937 азы. Гъеуæд ахуыссыд йæ рухсгæнæг зынг æмæ йын йæ уæлмæрд абоны бон зонгæ дæр нæ кæнæм. Ссæдзæм азы геноцид нæ мæнгард сыхæгтæ сфæлхат кодтой фæстæмæ 1990 азты. Ир ногæй слæууыд тохы фæндагыл, ногæй сфæлхат кодтой фыдæлты тохы лозунгы дзырдтæ æмæ Черме- ны ныхæстæ. Фæлæ æнæ зæгъгæ нæй: цард рæстæггай у, Чермены царды фыццаг рæстæг уыд ихсыд æмæ уырыд, фæллойгæнæг адæм зæххæй дзабыр кодтой, хурæй - хæдон. Зæххъуаг адæм хур æмæ бонæй ницы уыдтой. Хъуаг кæй уыдысты, уый Чермен æргомæй загъта: «Гал кæм æрхуыссыдаид, уый цыдис галы аргъмæ, хъуг кæм æрхуыссыда- ид; уый та хъуджы аргъмæ». Черменæн йæ иннæ дуг уыдис тох æмæ царды бартæ агурыны дуг. Бон нæ бадт, æхсæв нæ хуыссыд, ссис æргом революцион тохты хайадисæг, йæ ныхас уыд: «Нæ тохæй бафæллайæн нæй!». Æртыккаг дуг ын уыдис - сæрибары дуг, ног хуры ракаст, Чер- мен йе уæнгты кæм ивæзта, ног цардæн бындур аразынмæ кæм бавнæлдта, уыцы дуг. Цард мæнгард у, нæ дзы бафсæст Чермен, йæ хъуыдытæ йæ хъуыры фæбадтысты 1937 азы. Уыимæ иумæ, нымад дæр æрцыд йæ адæмы знагыл... «йе ’стыр кад æмæ йын йæ бирæ бынтыл 6* 81
ныхгæдтой згæхæрд дуæрттæ, йæ уацмыстæ бирæ азты дæргъы рухсмæ рацæуын мондагæй сæ хъиутæ хордтой, сæ автор сæ цы адæмæн фыста, уыдонæй бынтондæр куы байрох уой, уый сыл мæлæты тас æфтыдта» (газет «Рæстдзинад»,24/ХН-2008). Ралæууыд æндæр дуг, Чермен кæй нал федта, ныр ногæй, Чер- мены бынтæ федтой рухс, ахызтысты адæмы къухмæ. Адæмы бæллиц та у -Чермены бынтæ æххæстæй фенын, Чермены цард, архайд, йе сфæлдыстадыл хъæуæг зонадон чиныг фенын, Черме- ны ном ссарынæн уынг, кæнæ мемориалон фæйнæгæй.
ХЪУЫЛАТЫ СОЗЫРЫХЪО ФЫЦЦАГ ГЕНОЦИДЫ ÆВДИСÆН Ирон литературæйы историйыл куы дзурай, уæд нæ ахиз- дзынæ Хъуылаты Созырыхъойы (йæ хъæууон ном - Сикъо) иувæрсты, уымæн æмæ «ирон литературæ рæгъы кæй фæрцы рацыд, уыцы разагъды лæгтæй иу у Хъуылаты Созы- рыхъо». (Шамиль) 20-30 азты нæ литературæмæ цы курдиатджын фæсивæд æр- бацыд, уыдоны зынгæдæртæй иу уыд Хъуылайы фырт. Хуымæтæг зиууон нæ уыд Сикъо, литературон жанртæй ал- кæцыйы дæр уыд арæхстджын, куырыхон, сæрæн. Созырыхъо цæстуарзонæй нымад æрцыд курдиатджын поэт æмæ прозаикыл, арæхстджын драматург æмæ публицистыл, куырыхон æхсæнадон кусæгыл. Созырыхъо ма хауы ахæм фæлтæры къордмæ - революци æмæ мидхæсты активон хайад чи райста, гуырдзыйы меныневи- кон хицауады фыдмитæ - геноцид йæхи цæстæй чи федта, уæд бацарæфтыд сты йæ мад Гагуылен Натъа, йæ фыды æфсымæр 83
Алыксандр. Ацы фæлтæры къордимæ бабын Созырыхъо дæр 1937 азы. Рæстæг - фадат аразæг. Ралæууыд рæстаг дуг, райгас сты сæ рухс нæмттæ, рæстæй фесæфæг ирон лæппулæгтæн дæр. Уæд æрцыдысты цæстуарзон ныхæстæ загъд Созырыхъо æмæ йем- зиууæттыл. Гафез зæгъы: ... «Ирон литературæйы Хъуылаты Созыры- хъойы сфæлдыстады бæрæгæй зыны царды ахсджиагдæр фарс- тытæ æмæ проблемæтæ лыг кæнынæй, актуалондæр темæтæ æвæрын æмæ æвдисынæй...». Нафи йæ рахуыдта «ирон новеллистикæйы дæсныдæр сфæл- дисджытæй». Хæххон лæппу уыдис Созырыхъо. Райгуырдис Дзауы районы Згъубиры хъæуы мæгуыр зæхкусæг лæджы хæдзары 1900 азы. Фыдырдыгæй раджы баззад сидзæрæй. Мад Натъа - зондджын, хъаруджын адæймаг уыд, йæ сидзæрты хъомыл кодта ма- амæлайы къæбæртæй, стыр æххуыс сын бакодта сæ фыды æф- сымæр Алыксандр. Созырыхъо нырма ахуыр кодта Уанелы скъолайы, фæстæдæр Гуры семинары. Федта Созырыхъо мидхæсты цаутæ, меньше- викты æбуалгъ митæ, æвзонгæй сси бартыл тохгæнæг, 1920 азы Хуссар Ирыл, йæ хæдзарвæндагыл цытæ æрцыд, уыдæттыл рыст йæ сонт зæрдæ. Канд революцийы сæрыл тохты нæ, Созырыхъо уыдис ног хицауад аразджытæй, уыдис фæскомцæдисы разамонæг, журшал «Фидиуæг»-ы редактор, рухсады адæмон комиссар, фæуд ын уы-^ дис Мæскуыйы Тимирязевы номыл хъæууон хæдзарадон акаде- ми. Йæ бæллицтæ дардыл уыдысты, фæлæ йын ахуыссыдысты 1937 азы. Созырыхъо кæд экономист уыд, уæддæр æрвылбон дæр йæ зæрдæ дзырдта нывæфтыд литературæимæ, сфæлдыстадон куыстимæ. Хъуылаты Сикъойы сфæлдыстад арф æмæ къабазджын у. Бирæ ахсджиаг фарстытæ рахаста рæгъмæ, куыд революцийы агъоммæйы цардæй, афтæ фæсреволюцийы цардæй дæр. Уыцы ахсджиаг фарстыты ’хсæнæй бæрæгæй æрттивы фарст: мидхæ- 84
сты цаутæ Ирыстоны æмæ фæллойгæнæг адæмы тох сæ сæри- бардзинад æмæ революцийы сæрыл. Ирон адæмы тох меньшевикты ныхмæ реалон нывты æрцы- дис æвдыст Созырыхъойæн йæ радзырд «Тугæй æлхæд»-ы. Хъуылаты Созырыхъо æмæ Беджызаты Чермен цæдис галты хуызæн уыдысты æнгом, хæлар, иу хъуыддагыл тохгæнæг. Чер- мен царды цы зындзинæдтæ федта æмæ бавзæрста, уыдæтты уыдта æмæ бавзæрста Сикъо дæр. Сикъо ноджы фыддæр уавæр- ты бахауд, меньшевикты дуг æй æбуалгъ æфхæрд бакодта. Уы- дон цъаммар къухæй фæмард сты йæ уарзон мад Гагуылен æмæ йæ уæздан фыды æфсымæр, Сикъойы хъæбулы хъомыл чи скод- та, уыцы Алыксандр. Уый фыд дугуыд Созырыхъойæн. Йæ маст фыхти, ныллæууыд тохы фæндагыл мидхæсты азты. Хæцыд Гуырдзыйы меныне- викты ныхмæ, хæцыд Цæгат Кавказы Деникины урс бандæты ныхмæ. Цæгат Ирæй рахизгæ, партизантимæ баиу сты бынæттон тыхтæ, дæрæн æрцыдысты меньшевиктæ, расидт æрцыд Сове- тон хицауад Онæй Душетмæ 8 июны 1920 азы. Гъо, фæлæ уыцы сæрибардзинад бахъахъхъæдгонд не ’рцыдис. Цæуылнæ? Уыцы аххосæгтыл дзуры Созырыхъо йæ мысинæгты. «Фыццаджыдæр, уый тыххæй, æмæ Дзæуджыхъæуæй цы пар- тизантæ æрцыд, сæ сæргъ Санахъоты Мате, афтæмæй, уыдон хæ- цæнгарзæй уыдысты цух, сæ уæлæ куыдз цы атыдтаид, уый сыл дзаума нал уыд, уыдысты æххормаг». Созырыхъойы мысинæгты дарддæр зыны иннæ аххосаг. Хæ- стон адæм Чъребайы сæрибардзинад куы федтой, уæд сæхи ку- рын райдыдтой сæ хæдзæрттæм, нал уыд се ’хсæн дисциплинæ æмæ хæцæг адæм ныппырх сты. Уыцы хъуыддæгтæ лæмбынæгдæр, бæстондæр фæфыста Беджызаты Чермен йæ бонæджы. Хъуылаты Созырыхъо йæ уацмыс «Тугæй æлхæды» дзуры пар- тизанон тохтыл, сæ фæндæгты хорздзинæдтыл, стæй уæд сæ рæ- дыдтыл дæр. Меньшевиктæ пырхгонд ’дæрæн куы æрцыдысты, уæд парти- занон къордты раздзæуджытæ дарддæр цы хъуамæ сарæзтаик- 85
кой, уый нал зыдтой æмæ фесты дыууæ дихы: иутæ дзырдтой, цæмæй дарддæр абырсой суанг Гуры онг, кæнæ Мцхетайы онг. Аннæты та фæндыд Чъехы нарæджы хи æрфидар кæнын. Фæндтæй иу дæр нæ сæххæст, æрфидар кодтой сæхи Чъре- байы, сарæзтой дардыл фронт сæ чысыл æфсадимæ. Цы рæдыдтæ уыдис сæ тактикæйы, уыдæтты амоны Созы- рыхъо йæ уацмысы. Амоны 1200 хæстонæй ма баззад 600. Чи баззад, уыдон дæр æххормаг, бæгънæг æнæ хæцæнгарз. Ахæм уавæрты та зын уыд ахæм дардыл фронт хъахъхъæнын. Фæлæ уæдмæ меньшевикты хицауад æппæт йæ тыхтæ сарæзта Хуссар Ирыстонмæ. Басыгътой хъæуты, фесæфт адæмы фæллой, ахастой, амардтой сæ къухы цы бафтыд, уыдæтты. Хъуылайы фырт уыцы æбуалгъы хъыддæгтæ бæстон фæфыс- та йæ радзырды: «Сыстад Хуссар Ирыстон, адæм сæ артдзæстытæ, сæ хуымзæхх ныууагътой, лидзынц, сæхæдæг дæр æй нæ зонынц кæдæм. Хидтыл нал цæуынц, доны лæгæрдынц - Пацъа, Леуахийы доны. Пацъа дæр рахæтыд махыл. Леуахимæ ласы уæрдæттæ сæ цæлхытæ сын фæлдахы, галты, сывæллæтты йемæ скъæфы, мæсты сырдау сæ дуртыл хойы». Созырыхъо реалон нывты æвдисы лидзæг адæмы уæззау уавæр, сыгъд фæндаджы нывтæ. Æгæрстæмæй сыл æрдз дæр рахæтыд. «Арв æмæ зæхх кæрæдзийыл сæхи ныццавтой, кæрæ- дзи хойынц, бацайдагъ сын мæлæтдзаг тох - мах та се ’хсæн. Уары, фæлæ уый уарын дæр нæ хуыйны, кæлынц цыхцырджытæ уæларвæй хæхты, хъæдты сæ донæй æхсынц згъорынц мæсты- гæр Леуахимæ». Созырыхъо лæмбынæг фæфыста йæ радзырды меньшевикты æдзæсгом, цъаммар миты. Иунæг адæймагæн дæр дзы зæрдæ нæ разынд, иу дæр дзы нæ зыдта, тæригъæд цы у, уый. Меньшевикты æфсады хистæр Валико Джугъели Ирыстоны хæдзæртты пиллон нымадта стыр рæсугъддзинадыл, диктатор Жгъентийы та схуыдта садист, иезуит, лæджы туг баназынмæ чи бæллыд, ахæм адæймаг. Йæ лæгдзинад йе ’ддаг хуызыл дæр зын- дис: «Ныллæг, тæнтъихæг, лыстæгбæрзæй лæг, рувас халонмæ куыд фæкæсы, раст ахæм уыд йæ цæстæнгас». Адæмæй алидзын кæмæн нæ бантыст, уыдонæн стыр фыд- митæ бакодтой меньшевиктæ. Мардтой, никæуыл ауæрстой, 86
цагътой сывæллæтты, сылгоймæгты, зæрæдты. Æбуалгъдæр ма цы уа, амардтой дæндæгты дохтыр Хъуылымбегты Падойы. Мардæй йын йæ дарæс раластой æмæ сæ ахастой. Уæлдæр æй загътон, амардтой Алыксандры дæр, Гагуылен Натъайы дæр сæ сабиты та сын семæ акодтой. 1 Нымайы Созырыхъо меньшевикты цъаммар миты: Цъунай- раг Джиоты Уасилæн ралыг кодтой йæ хъустæ, йæ цæстытæ йын скъахтой, рукъаг зæронд ус, Саулохты Катазейыл дуæрттæ сæх- гæдтой æмæ йæ удæгасæй басыгътой. Уый тыххæй Созырыхъо зæгъы: «уыдон иууылдæр фыст æрцыдысты цъаммар меньше- викты худинаджы историйы». Фыст æрцыдысты æмæ цы? Уый тыххæй та нæ сарæзтой ног геноцид, уый тыххæй та не сфæлхат кодтой сæ цъаммар митæ. Ноджы егъаудæр æмæ æбуалгъдæр митæ: лæджы хырхæй ар- гæвд æмæ йын йæ тугæй рæгъытæ кæн, лæджы йæ астæуыл афад æмæ йыл худ; удæгас адæмы трубайы бабырын кæн æмæ сæ сысварка кæн, дыууадæс адæймаджы удæгасæй баныгæн. Науæд, Зары трагеди: 36 адæймаджы - сывæллæттæ, зæрæдтæ, сылгоймæгтæ цагъд æрцыдысты хуыцауы рæстæй Гуырдзыйы неформалты къухæй. Чи сын банымайдзæн сæ нæуæг ракæнгæ фыдмиты, кæмæн цы кодтой 300 хъæуы, зынджы хай цæмæн баисты. Нæй! Нæ фыдтæ иу аджы куы сфыцой, уæддæр нæ бастæ не схæццæ уыдзысты. Созырыхъо йæ радзырд «Тугæй 'лхæд»-ы конкретон адæй- мæгтыл нæ дзуры: «Чи у радзырды сæйраг хъайтар, уæд зæгъдзыстæм - адæм, партизантæ, Хуссар Иры дзыллæ. Автор заууаттаг цардимæ æвдисы тæригъæддаг æрдзы дæр меньшевикты æфсад куы æрбабырстой, уæд Созырыхъо дæтты ахæм æрдзы афыст: «...æрдз уыд æгъуыстаг, уæлдæф æнуд, афтæ ма вæййы стыр уады агъоммæ, сыггай сысты карз дымгæ, нын- нæры, ныггæрæхтæ кæны арв, нызгъалы къæвда, арв æмæ зæхх, знæгтау, кæрæдзийыл андадзынц сæхи, кæрæдзи фæхойынц». Ацы афыст йæхæдæг дзурæг у, цы уавæры уыдысты адæм, цы зын раны бахаудтой, æрдз дæр стыр змæлды кæй ис адæмау Хъуылаты Созырыхъойы сфæлдыстады бæрæгæй æрттивы йæ радзырд «Æртындæсæй иумæ». 87
Мидхæсты азты æртындæс хъæбатырыл цы æрцыдис, куыд фæтох кодтой, ууыл бирæ уацмыстæ æрцыдис фыст. Фæлæ Со/ зырыхъойы разæй ацы тохгæнæг, æдзард хъæбулты кой ирон литературæйы ничи ракодта. Уыцы æртындæс лæппуйы уыды/ сты: Джиоты Андри, Котолиты Никъала, Гобозты Соско, Уаль|- ты Данел, Уалыты Никъала, Ходты Пашка, Цхуырбаты Кашия, Тедеты Инал, Цхуырбаты Тотыр, Дзеранты Буду, Джиголат|л Резо, Джиголаты Саша æмæ Куымæриттаты Гиго. Ацы ранымад дзурæг у, Созырыхъойы радзырд æцæг историон факты бынду- рыл амад кæй у. Фыссæджы фантази дардыл у. Радзырды цыбыр сюжет у ахæм стыр тохтæ туг кæлдтытæ уыд Чъребайы уынгты. Хъæбатырæй фæхæцыдысты æртындæс коммунары, бахаудтой уацары æмæ сæ тугдзых меньшевиктæ ног къахт ингæны былыл фехстой. Автор ацы æрцæуæг хабæртты рауагъта йæхи джиппы, сны- вæста диссаджы, зæрдæмæхъаргæ сюжет, цыран алы рæгъ дæр лæджы æфтауы стыр хъуыдытыл. Нæрсы масты дзæкъул цъам- мар меныпевиктæм, риссы зæрдæйы тымбылæг тæригъæддаг лæппуты мæлæтмæ кæсгæйæ. Æгæрстæмæй, радзырд цы афы- стæй райдайы, уый дæр зæрдæйы банкъусы, уый дæр дзуры, цард хорз у, фæлæ дзы мæнгарддзинадæн хъуамæ бынат ма уа. Радзырды сæйраг хъайтартæ сты æртындæс коммунары. Ав- тор сын сæ сабион бонтыл нæ дзуры, тохы быдыры онг цытæ сарæзтой, цытæ сын бантыст, уый дæр æвдыст нæ цæуы, Джи- оты Андрийыл куынæ дзурæм, уæд. Раст зæгъы Гæбæраты Со- слан: «Æртындæс хъайтарæн фыссæг нæ фенын кодта сæ цард æмæ сæ тох, равдыста сын æрмæст сæ мæлæт, фæлæ кæсæджы уырны, афтæ хъазуатæй мæлын чи зоны, уыдонæй алкæй цард дæр сæдæйы бæрц кæй уыд». Бирæ хъуыдытыл бафтауы адæймаджы радзырды райдиан. Цард тугæй æлхæнгæ рауад - туг кæлæд цæйнæфæлтау цагъа- ры къæлæт хæсса адæймаг. Уыцы туджы фæндæгтæ æмæ туджы хъæбæртæй райдыдта Созырыхъо дæр йæ радзырд: «Дысоны къæвда Чъребайы уынгтæ ныхсадта. Баззадысты йын æнæхсад æрмæст туджы лæсæнтæ, зноны хъазуат хæсты туджы лæсæнтæ. Уыдон афтæ æнцон æрæхсæн нæ уыдысты». 88
Автор дзуры æмткæй Чъребайы уавæрыл дæр. Сæумæрайсом уынгты змæлæг нæй, æрмæст нæ фынæй кæнынц Джугъелийы æфсæдтæ, ракодтой ныккæндæй æртындæс коммунары, нæ сыл ауæрдынц цæвынæй, нæмынæй, хынджылæг сæ кæнынц, фæлæ сæ адæмы сомбоны тыххæй фæразынц æппæтæн дæр, цæф дæр сæм нал хъары. Сæ уавæры тыххæй Созырыхъо зæгъы: «Тынг сæ бафхæрдтой. Сæ цæсгæмттæй, сæ сæртæй сырх-сырхид туг лæдæрсы, хъуыры цъарыл, рустыл ныхъхъæбæр». Æртындæс коммунарæй алчидæр бæрæг нæлгоймаг у Уыдо- нæй автор ракодта æрмæстдæр Джиоты Андрийы кой. Æвзонг лæппу, хъæууон ахуыргæнæг, хъæбулы уарзтæй йæ уарзтой хъæубæстæ. Ныр æрлæууыд йе ’мбæлттимæ ингæны былыл, скъолайы дзæнгæрæг нал ныццæгъддзæн, йæ алыварс нал æрба- тымбыл уыдзысты фæсивæд. Се ’ппæт дæр хорз æмбæрстой, цард адджын кæй у, се ’ппæты дæр ма фæндыди цæрын. Андри йæ цæст хæссы дардыл, уыны Цъунар, Тъбет, Къусрет куыд басыгъдысты, хæссы йæ цæст Ирыстоны хæхтыл, уыны сын сæ рæсугъддзинад Зикъара, Ручъы æфцæг, Бурсамдзелийæн. Зæрдæриссынгæнæг рæгъытæ: «Рæсугъд сты, æвæдза, нæ хæх- тæ. Андри сæ никуыуал фендзæн... Йæ зæрдæ æрбауынгæг, цæс- сыг хъавыд æддæмæ рахъуызын, фæлæ йæ дæндæгтæ кæрæ- дзимæ тынг нылхъывта, цæстытæ ныдздзагъыр кодта, æмæ уæд цæссыг дæр фæстæмæ балыгъд». Созырыхъо кæд Андрийы æмбæлттыл радыгай нæ дзуры, уæддæр се ’ппæты тыххæй цы загъта, уый нын амоны. Чи сты - цахæм гуырдтæ сты, цы лæджыгъæд сæм ис. Æмæ йæ уынæм: «Бакæс иннæтæм дæр, Андрийы æмбæлттæм. Иууылдæр равзаргæ фæсивæд, кусæг адæмæй, уонгджын, фæтæн- риу Хосгæрдæны се ’мгæртты нал æрсурдзысты цæвджытимæ». Уый хонæм иумæйаг, кæннод та æмбырдгонд фæлгонц. Уыдон иууылдæр тох кодтой иу хъуыддаджы тыххæй, сæ сæртæ нывон- дæн æрхастой Райгуырæн бæсты сæрвæлтау сæ туг ныккалдтой адæмы сæрибардзинады тыххæй. Зæрдæмæдзæугæ у Гæбæраты Сосланы хъуыды: «Андрийы зæрдæ суынгæг, маргæ йæ кæй кодтой, уый тыххæй нæ; фæлæ 89
йæ уарзон Ирыстоны; йæ мæгуыр адæмы, кæй уагъта ахæм зын- дзинады æмæ сын йæ бон баххуыс кæй нал бауыдзæн, гъе уый тыххæй». Зонынц, сахъ фæсивæд мæлæты къахыл кæй лæууынц, уый. Фæлæ сын хъыг у, сауджыны сæм кæй æрбакодтой, уый. Уыдон хуыцауыл æууæндгæ дæр никуы кодтой. Сæ иу «сæнт худт ба- кодта, йæ фидар цонг рариуыгъта æмæ...сауджыны къопп дæдæ фæтулы». Уыцы хъуыддаг се ’ппæты зæрдæмæ дæр фæцыд æмæ йын цæстæнгасæй загътой бузныг. Æртындæс коммунары зыдтой, сæ цард цæй тыххæй скъуыйы. Æмбæрста се ’ппæты хъуыдытæ дæр Андри. Андрийы дзуапп, Ан- д^ийы раныхас, уыдис се ’ппæты тыххæй дæр. Ралæууыд размæ æмæ уæндонæй, ныфсджын хъæлæсæй зæгъы: «Æмбæлттæ, чы- сыл фæстæдæр мах нал уыдзыстæм. Абон нæ иумæйаг знæгтæ мах цæгъдынц. Фæлæ мах амарынæй кусæг къласы скуынæг кæнын сæ бон нæ бауыдзæн. Мах фæстæ сæ ныхмæ ралæудзæн минтæ æмæ уæд додой сæ къона! Мах разы стæм мæлæтыл, æр- мæст уæлахиз уæнт кусæг адæм, уæлахиз уæд Советон хицауад». Созырыхъо йæ радзырды сныв кодта æлгъаг адæймаджы фæлгонц. Уый у Лохты Артем, уæйгæнæг, бахордта æмæ ныууæй кодта йæ намыс меньшевиктæн. Автор зæгъы: «рагæй-æрæгмæ дæр абырæг уыд. Цъаммар лæг. Цæуыл худы ныр, адæм сæфгæ куы кæнынц, уæд?» Къаннæг радзырд, фæлæ дзы автор бирæ хабæрттæ бавæрд- та. Йæ алы рæгъ дæр стыр хъуыддæгтыл дзуры, дзуры туджы лæсæнтыл, дзыллæйы уæззау уавæртыл, тыхст æмæ уырыд дугыл. Мидхæсты уæззау рæстæгыл, меньшевикты цъаммар митыл Созырыхъо дарддæр дзуры йæ иннæ радзырд «Музей»-ы. Ра- дзырды цыбыр сюжет у ахæм: Сабе у зæронд ус, баззад хъæуы, йæ фырт Бимбол йе ’мбæлттимæ ахызт Цæгат Ирыстонмæ. Сабейæн меньшевикты æфсæдтæй иу, Хъоранели Давид, фæцыд йæ зæр- дæмæ, йæ фырт Бимболы æнгæс кæй уыд, уый тыххæй. Ноджы ма уый тыххæй - Давид меньшевикты митæй райгонд нæ уыд, фæлыгъд Цæгатмæ, Сырх Æфсадмæ. Фæстæмæ уæлахиздзаути- мæ куы æрыздæхт, уæд æй æрфæндыд Сабейы фенын. 90
Æмæ цы федта? Федта Сабейы мард, Сабейы стджытæ, йæ сæр æхсаргардæй фаст. Давид сæры къуыдыр радта музеймæ. Цыбыр радзырд, фæлæ та ам дæр хабæртты тых тыхджын у. Бæрæг у, Сабейы мæлæт меньшевикты хицауады цæсгомыл ба- калдта цъыф. Худинаг æмæ додойаг у уыцы знаг, сылгоймагмæ йæ къух чи сиса. Уый дæр бахастой сæ сæрмæ тугдзых меныпе- виктæ. Созырыхъо уæддæр бафæлвæрдта Ир æмæ Гуырдзыйы ’хсæн хæлардзинады тæгтæ ауадзыныл. Уый, чизоны, хъæуы æмæ хъуы- дис, фæлæ та нын уыцы хæлардзинад фенын кодта ног геноцид. Нæ уарзон сыхæгтæ Еред, Тамарашен, Чъех, Курта, Чемерт, Дзарцъем, Ачабет, цæрæнбонты къæбæр кæимæ фæхордтам, уы- дон разындысты ног дуджы нæ цыфыддæр знæгтæ. Сабейы мæлæт, йæ сæры къуыдыр музейы - уый цæргæ-цæ- рæнбонтæм худинаджы гакк сæвæрдта мæнгард Гуырдзысто- ныл. Уый тыххæй Созырыхъо афтæ зæгъы: «Уый у хуыздæр цырт цъаммар меньшевикты дугæн». Цас раст у нæ зонын, фæлæ ахæм ныхас баззад, зæгъгæ, Со- зырыхъойы мад Гагуылен æнæ сæрæй ныгæд æрцыд æмæ, дам, æнæмæнг, Сикъо йæ радзырды ары йæ мады рухс ном. Тыхст дуг у царды хордзинæдтæ æмæ хъæндзинæдтæ бæрæг- гæнæг, у адæймаджы удыгъæды хорз æмæ æвзæрдзинæдтæ ир- тасæг. Уый тыххæй Созырыхъо афтæ фыссы: «Бирæ ис нæ дуне- йыл фæллойгæнджыты ’хсæн дæр æвзæр, æнæгъдау адæм». Революци æмæ мидхæсты азты фæбæрæг сты чи уыдысты уыцы хæрзтæ, чи уыдысты уыцы æвзæртæ-фыдгæнджытæ. Тыхст дуджы уавæртæй чи спайда кодта, йæхи хæдзарæн, ис- кæйы муртæ давыныл чи схæцыд, уыдæтты Созырыхъо схуыд- та мæрдты бирæгътæ æмæ сыл фæхудтис йæ радзырд «Мæрдты бирæгъ»-ы. Созырыхъо уыдæтты тыххæй афтæ фыссы: «уæлдай сарæх вæййынц ахæмтæ фыдрæстæджы, æмбыд цъымара сызмæлы, хилæг æддæмæ ралæсы. Уыцы хилæг нæм баззад зæронд дугæй». Хъуылайы фырт æй зæронд дуджы аххос кæны, фæлæ дзы абон, нæ ног дуджы, хуыздæр хъуыддæгтæ нæй. Рацарæзт, Демо- крати, Æргом ныхас фесæфтой Сæрибары Цæдис, закъон нымад 91
кæм уыд, ахæм цæдис, йæ бынат та йын æрцахста æнæхъола дуг, ахæм дуг, цыран давын, марын, стигъын, кæрæдзи уæй кæнын æгъдауы бацыдысты æмæ сæ кæнон кæнынц. Радзырд «Мæрдты бирæгъ» -ы сæйраг архайæг у Знауыр, зæх- кусæг лæджы фырт, æфсæддон лæг, знаджы ныхмæ æнауæрдон, тохгæнæг, æртындæс коммунарау уæндон, хъæбатыр, фидар уды хицау Хæстон лæг лæгæрды, цæуы размæ, сæрибардзинады ратæдзæн кæцæй цæуы, уырдæм. Æмбæлы æнкъард, æрхæндæг лидзæг адæмыл. Хъуысы йæм хатт хъæрзын, уæззау улæфт, зæрдæхалæн хъарæг, чи та цæф сырдау ныууынæргъы. Ахæм уæззау дуджы, адæмæн сæ сæр сæ кой куы уыд, сæ цæс- тæй сæ туг куы цыд, уæд иуæй-иутæ та сæхи гуылы бын æндзæр- стой, давтой, стыгътой, истой,марыныл дæр нæ ауæрстой. Уы- дæтты реалон нывты æвдисы Созырыхъо йæ радзырд «Мæрдты бирæгъ»-ы. Уыны Знауыр алы цъаммар митæ, уыны æртæ æфсæддоны кæйдæр бызгъуыртыл кæрæдзи куыд тонынц. Знауыр бамбæрс- та, адон æфсæддонтæ сты: «Халоны йæ сау бырынкъ куыд хъæ- уы, адон дæр сæ хæцæнгæрзтæ раст уымæн кæй хъæуынц». Нæ ныббарста æбуалгъы ми ацы салдаттæн Знауыр, ныхъ- хъæр сыл кодта йæ хъæлæсы дзаг: «У, хæрджытæ, холыхор би- рæгътæ!» Йæ дарддæр фæндагыл Знауыр федта ноджы æбуалгъдæр ныв. Иу лæг бахъуызыд иу мæгуыр хæдзармæ. Хæдзары хуыссы рынчын сылгоймаг, йæ саби йæ фарсмæ афтæмæй. Зилы хуыс- нæг, къахы къуымтæ, цы уары, уыдон тъыссы йæ рифтæгты. Знауыр уыцы нывтæм кæсгæйæ афтæ зæгъы: «Иу сырды мыггаг ис, мæрдты бирæгъ æй хонынц нæ бæстæйы. Сырдтæй уымæй æнæуагдæр нæй, йæ уындæй зæрдæ ныккæрзы. Уæл- мæрдтæм æрцæуы уый æхсæв æмæ ног мæрдты къахы. Раст ахæм уыд йæ бакаст уыцы æнахуыр лæгæн дæр». Знауыр уыны, мæрдты бирæгъæн къуымтæ сгæрст куы фе- сты, уæд та рынчыны хуыссæнты райдыдта змæнтын, къахын. Знауырæн цъаммар митæм кæсын йæ бон нал уыд, ныхъхъæр ыл кодта: «Ныууадз, джауыр, кæннод дæ марын ныртæккæ». 92
Лæгбирæгъ дæр ронбæгъдæй нæ бацыд; февнæлдта йæ гæрз- тæм, фæлæ йын уæдмæ Знауыры нæмыг йæ зынг ахуыссын кодта. Радзырдæй бæрæг у, ацы стигъджытæ мæгуыр адæмæй кæй уыдысты, фæлæ тыхст дуджы сæ цæсгомыл систой сæ къух æмæ æгæнон митæ кодтой. Раст æй банысан кодта Гæбæраты Сослан: «Кæйдæр дарæсыл цы æртæ лæджы хыл кодтой, æмæ рынчын усы муртæ чи давта, уыдон дæр, Знауырау, мæгуыр адæмæй уыдысты». Революци æмæ мидхæсты азты Цæгат Ирыстоны зæххыл цы тугуарæн тохтæ цыдис, уыдонимæ дæр бæстон зонгæ уыд Хъуы- латы Созырыхъо æмæ сæ рохуаты нæ ныууагьта. Йæ радзырд «Иудзонгон»-ы зæрдæмæхъаргæ дзырдтæй сныв кодта, цахæм уыд Деникин, цы митæ кодта мæгуыр адæмæн, йæ инæлар Шкуро туджы зæйтæ куыд уагъта Цæгат Ирыстоны зæххыл. Радзырды сæйраг архайджытæ сты Мæхæмæт æмæ Габе. Ав- тор йæ радзырды амоны, чи сты ацы дыууæ адæймаджы. Мæ- хæмæты тыххæй зæгъы, зæгъгæ, у Хуссар Ираг, ахуыргонд адæй- маг, зонгæ у Марксы куыстытимæ, у арæхстджын революционер. Габейы тыххæй та базыдтам радзырды: уый у хуымæтæг, ахуырдзинад кæмæ нæй, ахæм адæймаг, сæрибардзинады сæрыл активон тохгæнæг. Дыууæ лæджы сты стыр хæлæрттæ, уымæн æмæ сæ тохы фæндаг у иу. Радзырд кæсгæйæ, мах зонгæ кæнæм дыууæ егъау фарстимæ. Фыццаг фарст у, Габе æмæ Мæхæмæты тох контрреволюцийы ныхмæ. Дыккаг фарстыл та нымайæм, Габе æмæ Сæниаты уар- зондзинад. Уыдон сты æппæты егъаудæр æмæ ахсджиагдæр фарстытæ, фæлæ сын ис æнгом бастдзинад сюжетон хаххы. Раст нысан кæны Гæбæраты Сослан, зæгъгæ, Созырыхъо мид- хæсты темæйыл цы уацмыстæ ныффыста, уыдонæй радзырд «Иудзонгон»-æй егъаудæр сюжет никæмæн ис. Радзырды сæйраг хъайтар у иудзонгон Габе. Кæддæр уыдис бонджын Хаджумары æххуырст. Гъеуæд бауарзтой кæрæдзи Хаджумары хо Сæниатимæ. Фидар уарзондзинад снывæста ав- тор дыууæ ныхмæвæрд кълæсты, кæстæрты уарзондзинады 93
’руаджы бафидауын кæнын. Кусгæ йыл тынг бакодта, чиныг- кæсæджы фидарæй уырны, ацы дыууæ уарзæгой уды кæй никуы фæхицæн уыдзысты. Габейæн йæ цонг Деникины ныхмæ тохты куы ахауд, уæд хъуыды кодта, Сæниат мын нал бакомдзæн, зæгъгæ. Сæниат уæд- дæр Габейæн фидарæй загъта, мæн дæуы йеддæмæ ничи хъæуы, зæгъгæ. Автор арæхстджынæй нывæнды ацы уарзондзинады фæн- дæгтæ, аразы хид дыууæ ныхмæвæрд къласы ’хсæн. Нывæндгæ йæ хорз скодта, фæлæ уыцы хидæн йæ могортæ лæмæгъ разын- дысты. Уæз сыл куы æрцыдис, уæд хид ныккалд, нæ баурæдта Габе æмæ Сæниаты уæз. Хъуыддаг рауад афтæ. Сæниаты кæстæр æфсымæр Хъауыр- бег баиу абырджытимæ, ног советон хицауады знæгтимæ æмæ иу фембæлды, иу тохы мард фæцис Габейы къухæй. Габе Хъауырбеджы маргæйæ дæр Сæниатыл хъуыды кодта, нæ йæ фæндыд, йæ сомбоны каисы амарын, зæгъгæ дæр ын код- та, цæмæй йæхи айса Габейы разæй. Уыдæттæм Хъауырбег нæ байхъуыста, схæцыд сыстфидистыл, ныллæууыд тохыл. Габе уæд бамбæрста, ам хъуыддаг хорзæй нæ ахицæн уыдзæн, бамбæрста, йæ сæр мæлæтмæ кæй не ’руадздзæн, уый дæр. Хъауырбег мард фæцис Габейы къухæй. Габе æнхъæл уыдис, Сæниат ын йæ рæстдзинад кæй бамбардзæн, йæ зæрдæ йыл не сивдзæн, фæлæ афтæ нæ рауад. «Уый фæстæ раст йе ’фсымæр Хадзумар цы цæстæй бакаст Габемæ, уыцы цæстæй йæм бакаст Сæниат дæр, туджджыны цæстæй йæм бакаст Сæниат дæр, тудж- джыны цæстæй, знаджы зæрдæйæ». Габе арæх фæныхас кæны Мæхæмæтимæ. Уый зоны, тох кæ- нын кæй хъæуы Хадзумары хуызæн тугцъирты ныхмæ, фæлæ уыцы тох цæмæ æркæндзæн Габейы хуызæтты, уый æнахуыр- гонд Габе не ’мбæрста æмæ-иу арæх фарста Мæхæмæты. Арæх æй фарста, ирæды тыххæй дæр (йæ зæрдæ Сæниатимæ кæй дзырдта, уымæ гæсгæ), зæгъгæ, ног дуг куы ралæууа, уæд ма ирæд уыдзæн. Сæниаты цæстытæм куы фæкомкоммæ Габе, уæд бамбæрста, сæ уарзондзинады хид мæнг кæй разынд. Сæниат йæ чъылдым 94
фездæхта, бакаст æм туджджыны цæстæй æмæ ууыл фæцис сæ уарзондзинады фæндаг. Уæд ма Габе бафæрæзта зæгъын, зæгъ- гæ, сæ ирæд сын ахицæн кодтон уæлдайджынтæй. Созырыхъо Мæхæмæты æвдисы зондджын, фендджын, арæх- стджын разамонæгæй. Революцион змæлды дуджы уый уыдис «Чермен»-ы фæси- вæды къордæн разамонæг. Ныр дæр йæ къухы цы дыууæсæдæ гæрзифтонг хæстоны ис, уыдонæн у арæхстджын разамонæг, ныр дæр сын дзуры: «Хæсты арт, фæдисы хъæр хъуысы - уыцы зæрдæтæ цырын кæны, сиды сæм стыр тохмæ. Габе хъусынæй нал æфсæст, фырцинæй йæ цæстытæ сæрттывтой, æхсидгæ цæдж- джинагау, фестадис йæ риу Цæттæ уыд йæ хæцæнгæрзтимæ ба- бырсынмæ тохы цæхæрмæ!». Габейæ рох никуы сты Мæхæмæты ныхæстæ: «Габе, раивын хъæуы не ’гъдæутты, нæ цардыуаг иууылдæр, адæмæн амонд куыд дæтта, афтæ йæ саразын хъæуы... Бындзарæй раивын хъæ- уы царды бындур, мæ хур, Габе. Уæд фæрухсдæр уыдзæн рæстæг». Габе фидарæй æмбæрста иу хъуыддаг: ралæууыд æндæр дуг тохы дуг тугцъирты чи хъуамæ фесафа, ахæм дуг. Уымæн зæгъы: «Гъей, джиди! - бæргæ мæхицæн куы хъæуиккой мæ фыдæбæт- тæ, фæлæ ацу æмæ Хадзумары хуызæн нæл хуытæн кус, йæ хор- донтæ, йæ хосы æфтауцтæ йын дзаг кæн». Зæгъы ма уый дæр: «Нæ уарзын пъагонджынты, нæ уарзын Хадзумары хуызæтты; адæмы цармстигъджыты». Хъæбатыр гуырд у Габе, лæджыгъæдæй - æххæст. Йæ тохы фæндæгтыл цæугæйæ йæ автор хоны домбай, цæрдæг, хъæддаг гæдыйау. Мæхæмæт дзы райгонд у æмæ йын иухатт хъазгæйæ зæгъы, зæгъгæ, де ’ннæ цонг уæддæр бахъахъхъæн, хъæуы нæ знæгты ныхмæ тохы. Уæд Габейы дзуапп уыдис ахæм: «Уæдæ иууыл мæ цæнгты рад æркодта! Исты нардуатæй ист сты, кæн- нод уымæй дæр нæ тæрсын: дæндæгтæ мын уæддæр баззайд- зæн, - куыдзау лæбурдзынæн знагмæ». Автор Габейы фæлгонц алыварсонæй сныв кодта. Канд йæ хъару æмæ йæ фердæхтдзинæдтæ нын не ’вдисы, æвдисы нын йæ зондахаст, йæ намыс; йæ диссаджы психологи, йæ уарзонд- зинад йæ адæмимæ, йæ равзæрст фæндагмæ. 95
Сыгъдæг уыд йæ уарзондзинад Сæниатмæ Габейæн. Сæниа- ты сурæт йæ цæстытæй нал хицæн кæны. Афтæ зæгъы Мæхæ- мæтæн: «Бынат нал ары зæрдæ, мæ риу ын суынгæг æмæ йæ æддæмæ ратонынмæ бирæ нал хъæуы... Фæсонт кæнынмæ мæ хаттæй-хатт бирæ нал бахъæуы. Иу ахæмы Хадзумары бинонты иууылдæр куы фæцæгъдон, уымæй дæр тæрсын.-.Кæннод та мыл бæстæ иууылдæр ныррухс вæййы, уæнгтæ барæуæг вæййынц, фæфæнды мæ бæлæстæн дæр хъæбыстæ кæнын». Диссаджы адæймагæй æвдисы автор Сæниаты дæр. Уынд- джын, кондджын, хъаруджын, хъæубæсты чызджытæй бæрæг хицæн кæны. Раст у Гæбæраты Сосланы хъуыды: «Сæниат уæл- дай раппæлинаг уымæй у æмæ, хъæзныг лæджы чызг уæвгæйæ, кæй уарзта мæгуыр лæджы фырт Габейы». Габе уæззау цæф куы фæцис, рынчындонмæ ласгæ йæ куы федта Сæниат, уæд «йæ рустæм фæлæбурдта, фæндыдис æй нырдиаг кæнын, фæлæ ирон æфсарм фæуæлахиз ис: Æхсидгæ здыйау аныхъуырдта йæ маст, нæ фенын кодта йæ цæссыг». Би- рæ фæкуыдта сæ цæхæрадоны. Габе рынчындонæй иудзонгонæй куы æрбаздæхт, уæд афтæ æнхъæлдта, Сæниат ын нал баком- дзæн, фæлæ та Сæниат ам дæр загъта йæ уарзондзинады хъуы- ды: «Мæн дæуы йеддæмæ ничи хъæуы». Æнувыд уарзт, диссаджы уарзт, фæлæ уæддæр нæ баиу сты. Сæниат йе ’фсымæры мæлæт куы фехъуыста, уæд йæ чъылдым фездæхта Габемæ, туджджыны цæстæй йæм бакаст. Сæ ахицæны хъуыддаг Дзуццаты Х.-М. йæхирдыгонау афтæ амоны: «Социалон ныхмæвæрддзинæдтæ, кълассон хицæндзи- нæдтæ тыхджындæр сты уарзондзинадæй дæр æмæ мæлæтæй дæр. Габе амардта Советон хицаудзинады знаг, Сæниаты æф- сымæр Хъауырбеджы, æмæ Сæниаты зæрдæйы Советон хицау- дзинадмæ (ома Габемæ) фыдæхдзинады бын фæвæййы Габемæ уарзондзинад». Сæниат хорз æмбæрста, Габе йын йе ’фсымæрты кæй нæ уарз- та, Габе Советон хицауады, революцийы сæрыл тохты йæ цонг кæй фесæфта. Фæлæ Сæниат Советон хицауады знаг нæ уыд, æндæра нæ бауарзтаид Габейы. 96
Тынг азымджыны бынаты сæвæрæм Сæниаты, уый раст нæ уыдзæн. Куыд цардаид Сæниат цæргæ-цæрæнбонты йæ уарзон æфсымæры марæгимæ, йæ туджджынимæ. Раст æй нысан кæны Гæбæраты С, зæгъгæ, Габе æмæ Сæниат иу къласæй куы уы- даиккой, уæддæр уыцы æрцæуæг хабары фæстæ Сæниат ницы хуызы фæцыдаид чындзы Габемæ. Адæм дæр алыгъуызæттæ сты. Туаты Дауит йæ пьесæ «Хæр- зойты Фатимæт»-ы ныв кæны ахæм æрцæуæг хабар æмæ йæ ра- кодта афтæ: чызг йæ уарзоныл йæхи нæ атигъ кодта. Мæ хъуы- дымæ гæсгæ, уый у тыхарæзт, нæу уырнинаг. Реалондæр у ацы фарсты Созырыхъойæн йæхи хъуыды. Зæрдæмæдзæугæ у Гæбæрайы фырты хъуыды дæр ацы фарст скъуыддзаг кæнгæйæ. Уый фыссы: «Царды дæр æмæ литера- турæйы дæр арæх мæгуыр æмæ хъæздыг адæмы сывæллæттæ кæрæдзи афтæ тынг бауарзынц, æмæ сæ разы цы социалон ных- дуртæ ис, уыдон аиуварсгæнгæйæ, сиу кæнынц сæ цард. Кæд уыцы ныхдуртæ æгæр стыр разынынц, уæд та ахæм хъуыддæг- тæ фæвæййынц трагедийыл, æнамонддзинадыл». Уæдæ куыд федтам, афтæмæй Хъуылаты Созырыхъойы сфæл- дыстады аккаг бынат æрцахста мидхæст æмæ революцийы темæ. Рæсугъд æвзаджы хицау у Созырыхъо. Йæ мадæлон æвзагæн тыхми нæ кæны, уадзы йæ зæлдаг æлвисæгау, нывæнды дзы дæсны тынуафæгау йæ уацмысты æмæ сæ чиныгкæсæг кæд- дæриддæр исы стыр æхцондзинад. Цардæй ницы федта Сикъо дæр. Фæцард 37 азы фыдæбæт- тæ æмæ тухитимæ. Хуссар Иры геноцид æмæ Бургъустаны туг- калдтыты хæцæг адæмимæ уыд. Ног дуджы хуры хъарммæ йе ’рмттæ куы бакодта, уæд та йын йæ къухмæ радтой Барастырмæ бахизæны дæгъæлтæ. Уæлдæр æй загътон, бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, Иры фыц- цаг геноциды æбуалгъы нывтæ фагæй не ’рцыдысты фыст нæ фысджытæн. Цы ныффыстой, рæгъмæ цы рахастой, уыдон та сты цæсты ахадгæ æмæ сын рохгæнæн нæй. Чи ферох кæндзæн «Æртындæсæй иумæ» (Хъ. Сикъо], «Саломи» (Коцойты А.), «Сæ- лимæт» (Плиты X.) æмæ æндæр уацмысты. 7* 97
Абоны геноциды фæстиуджытæ мах кæддæриддæр абарæм 20 азы геноциды æрцæуæг хабæрттыл. Уыдæттыл Гуырдзысто- ны æнæбары хицауад хъуыды дæр нæ кæны, абоны-бон дæр Иры æмæ Абхазы зæххыты хоны йæхи æмæ архайы ууыл, цæмæй сæ йæхимæ раздаха. Ирмæ та абоны-бон дæр фагæй нæ бахъардта, сыхагæй нæ амонд кæй нæй Цæгаты дæр æмæ Хуссары дæр. Хуссар Ир хъуамæ сæ зæрдыл дарой дыууæ геноциды дæр æмæ сын раст аргъ кæной историон æмæ нæ фыдæлты цæстæн- гасæй. Уый хауы Цæгат Ирмæ дæр, иу адæм, иу туг стæм, нæ бæллæхтæ дæр иу сты, Беслæны трагеди дунейы дзыллæйы базмæлын кодта. Махыл та цыма ницы æрцыд, афтæ сабырæй нæхи дарæм сау Хъулгъайы раз. Не знæгтæ алыхатт дæр хъуамæ хатой, нæ разы зылын, аххосджын кæй сты, цы нæ домынц, уый та у æнæбындур - Ир цæрынц сæ фыдæлты зæххыл æмæ йæ ни- кæмæн ратдзысты.
ФЫЦЦАГ ГЕНОЦИД ÆМÆ БУРГЪУСТАН Абайты Лади Багаты Никъала Бекуызарты Тасолтан Гаглойты Тъотъо 99
Гаглойты Никъала Гæдиаты Никъала Гæззаты Лентъо Гасситы Никъала 100
Дзæгъиаты Владимир Дзæгъиаты Григори Дзаттиаты Уасдже Джиоты Архипп 101
Дзугаты Гæбила Дзуццаты Арсен Дзукъаты Иордан Зассеты Иван 102
Козаты Иван Козаты Самсон Козаты Федыр Кокойты Сослан 103
Коцты Митъо Коцты Роман Лæууойты Сергей Магкоты Андрей 104
Марданты Никъала Пæррæстаты Тембол 0 ~ Пухаты Ясон Плиты Оля ’7 105
Санахъоты Иван Тедеты Дмитри Тыбылты Георги Хæбæлаты Сауи 106
Хаситы Мидта Хуыгаты Доменти Хуыгаты Михаил Хаситы Никъала 107
Цхуырбаты Иосиф Цхуырбаты Сардион Цоциты Никъала Санахъоты Григори 108
Цоциты Илья Саулохты Симон Гасситы Виктор
Ирон дарæсы Мате йæ къордимæ 110
Æртындæс коммунары фехст 13 КОММУНАРЫ У нæ рæстæг хивæнд, - Дуджы ивы дуг. Рох нæ уыдзæн никæд, Чи ныккалдта туг. Чи айгæрста рухсмæ Адæмæн фæндаг, Уыдонæн æнусмæ Баззади сæ конд Зонын æз: ирон дзырд Зæххы ’мбай уыдзæн, Гъеуæдмæ сæ урс цырт Згъудерæй зындзæн! Мамиты Г.
ИРЫ ТУГ КÆМ НÆ НЫККАЛД (БУРГЪУСТАН) 1920 азы геноцидыл дзургæйæ, нæй ахизæн Бургъустаны туджы лæсæнты сæрты. Хуссар Ирæн йæхи сæрыл куырой ра- зылд 1920 азы. Лæджыфыдхор гуырдзиаг меньшевиктæ, мæн- гард гуырдзыйы къухдариуæгæнджытæ, рæстаг Ирыстоны ту- джы лæсæнты балæгæрдын кодтой, æнæхъæн Гуырдзыстон растад рæстаг Хуссар Ирыстоны ныхмæ, Ир хъуамæ куынæг æр- цыдаид фæстаг лæджы онг. Цагътой, мардтой, сыгътой, сæхи ба- кодтой Иры фæллæйтты. Бантыст 5.299 адæймаджы мæрдтæм барвитын, фæлидзæг кодтой Хуссар Иры, хъæуты цъыбыртты сыгъд бакодтой. Зынаргъ слæууыд уыцы мæнгард ныббырст Ирæн, æмткæй Хуссар Ирæй фæхъуыд 20 мин адæймаджы. Нæ адæм хъуамæ зоной, Ир тæссаг лыгъд нæ фæкодтой, знагæй чи фæтарстаит, ахæм лæппутæ æмæ чызджытæ нæ уыд Ирмæ, знагæн дæр æнæзонгæ нæ уыдысты Санахъоты Серо (Владимир), Дзаттиаты Алыксандр, Плиты Арон æмæ Оля, Гаглойты Серги, Козаты Разден, революцион тохты фых, арæхстджын æфсадхон Санахъоты Мате. Знагæн гауызтæ нæ байтыгътой Ир, тохтæ дзы ахъхъаззаг уыд, фæлæ иуæн дыууæ - æфсад, бахъуыдис сæ сæ Райгуырæн зæхх ныууадзын, сæхи Цæгаттаг æфсымæртыл бакъул кæнын. Цæгат Ирмæ кæй аивылдысты, уый иу хъуыддаг. Ам дæр æн- цад нæ бадтысты нæ адæм, сæ раздзæуджытæ семæ уыдысты æмæ уыдон æппæтдæр арæзтой, цæмæй лидзæг адæм бафæразой ’сæ зындзинæдтæн, æмбарын кодтой тыхст адæмæн, уый рæстæг- мæ хъуыддаг кæй у, рæхджы сыл зæрин хур кæй ракæсдзæн. 112
Лæг цы æнхъæл нæ вæййы; уый дæр æм æрхауы. Уый нæ фы- дæлты куырыхон æмбисонд у, æмæ йæ сæхи цæстæй федтой Хус- сар Иры тохвæллад адæм; Дзæуджыхъæуы уæвгæйæ. Нæ мызыхъхъ лæппуты бахъуыд тохы сæр Бургъустаны бы- дырты.Бургъустанухъазахъхъагстаницæ. 1920азтæйфæстæмæ уый ирон лæджы хъуыдыкæнынадæй никуы фæиппæрд; уыцы аз Бургъустаны зæхх Иры тугæй хъулон куыд адардта, туг дзы цæмтæй куыд сбадт; уый никуы ферох уы,г ^æн Ирон адæмæй; стæй нæ историйы дæр сырхæй æрттивы махмæ Бургъустаны зæхх. Нæ рагон фыдæлты историйы цæстæй куы акæсæм; уæд Бур- гъустан, стæй йæ зæххытæ, абоны Ирæн æцæгæлон не сты. Нæ баззад æрмæджытæ «Бургъустаны трагеди»-йы тыххæй дæр. Ирæй уыцы тохты хайад чи иста; уыдонæй гас ничиуал ис; Ставрополы архив немыцы къухæй кæй басыгъд; уый та нын нæ фæндаг сæхгæдта архивы æрмæджытæм. «Бургъустаны таргеди»-йы историйы ныффыссыныл йæ тыхтæ бавзæрста нæ зынгæ историк Пухаты Къоста (ирон пол- кы уыд йæ дыккаг хæдзар Пухаты Ясон Шамилы фырт дæр]; цы ссардта; цы ныффыста, уыдон хорз æрмæджытæ сты; фæлæ сты хæрз цъус. Йæхæдæг æй зæгъы; нал ис æвдисæнттæ; нæ баззад архивон æрмæджытæ. Цы ис æмæ цы рахаста; уыдон та сты адæ- мы рæгъмæ хæссинаг. Иры разагътайы фæсивæды хуыздæртæ уым бабын сты æмæ сæ нæ абоны фæлтæр зонгæ дæр нæ кæ- нынц. Цы у Бургъустан; цы ныххаста уырдæм нæ тохвæллад нæл- гоймæгты; цæуыл æмæ кæимæ хæцыдысты; цæмæн бабын сты. Ацы æмæ ма æндæр фарстытæ дæр фæзыны абоны фæлтæрæй бирæтæм æмæ сын æй зæгъын хъæуы. Ацы ахсджиаг фарстытыл бакуыста нæ историк Пухаты Къо- ста; тагъд рацæудзæн мыхуыры йæ чиныг æмæ нын уый дзæв- гар фæрæуæгдæр кæндзæн нæ къух 1920 азы хабæрттæ - фыц- цаг геноциды хъуыддæгтæ бамбарынæн. Нæ историк развæлгъау рахъаст кодта йæ фыдæбæтты тых- хæй: нæй архивтæ, нæй æвдисæнтæ; æрзылд Цæгат Кавказыл; уыдис Мæскуыйы; скъахта Хуссар Иры архивтæ - ис цыдæртæ; фæлæ фаг не сты геноциды фæстиуджытæ равдисынæн. 8* 113
Цæуылнæ баззад архивон æрмæджытæ, уыдон тыххæй уæлдæр ацы къаннæг чиныджы бирæ рæтты загътон, ам сыл ногæй нал дзурдзынæн, цыбыртæй ма йæ зæгъдзынæн: ног Советон хицауад «хæлардзинад» сфидар кæныны тыххæй ацы æрмæджытæн фыс- сæн æмæ мыхуыры руаджы бар нæ радта. Бургъустаны æрцæуæг хабæрттæ махæн зонинаг сты: Цæгат Кавказы регионы стыр тохтæ уыдис, урс æфсад бæстыл туджы зæйтæ уагътой, уæззау уавæры бахауд Советон Уæрæсейы Хус- сарвахс, уæззау уыд Кубаны уавæр дæр, урс æфсады раздзæу- джытæ - Врангель, Харламов, Хвостиков æмæ æндæртæ æфсад æмæ хотыхтæй ифтонг уавгæйæ, ныббырстой Цæгат Кавказмæ, бацахстой станицæтæ: Армавирская, Майкопская, Лабинская, Бекешевская, Бургустанская, Суворовская. Хуссар Иры адæм - лигъдæттæ Цæгат Иры уыдысты. Арæзтой хæцæг æфсад Хуссар Ир ссæрибар кæныны тыххæй. Уæлдæр æй загътон, В. И. Ленинæн Кавказы хъуыддæгтæ æнæ- зындгонд нæ уыдысты. Хорз зыдта, Цæгат Кавказы урс æфсады фыдмитæй, цы уавæр сæвзæрд, æрдомдта С. Орджоникидзейæ, цæмæй цыбыр рæстæгмæ Цæгат Кавказ, уыимæ Кубань, сæрибар æрцæуой урсгвардионтæй. Сырх Æфсадмæ уыцы тыхтæ нал уыд, æххуыс райсæн та йын никуыцæй уыд, дзыллæйы раздзæуæг-болыневикты бахъуыд ирон полкъы сæр, кæцыйæн йе сконды уыд 1500 адæймаджы. Уыцы æфсад, сæйраджыдæр, уыд Хуссар Иры адæмæй. Кадимæ сæ афæндараст кодтой Владикавказы æфсæнвæндаджы вок- залæй. Къухдариуæггæнджытæ дзы бирæ уыд - 8 адæймаджы. Хъы- гагæн иу дæр дзы ирон нæ уыд. Полкъы раз æвæрд уыд хæс: Хъуа- мæ ссæрибар кæной станицæтæ - Бургустанская, Бекешовская æмæ Суворовская. Иры хæстонтæ уыцы хæс сæххæст кодтой, хъуамæ сæм æххуысмæ фæзындаид И. Кочубейы бæхджын полкъ, æнхъæлмæ та йæм тынг кастысты. Хабæрттæ æрцыдысты Бургъустаны, бонырдæм, улæфыд ирон полкъ, уыд сын хъахъхъæнджытæ, се ’ппæтдæр æнхъæлмæ касты- сты И. Кочубейы полкъмæ. 114
Хъахъхъæнджытæ, сæ командиримæ, федтой, кæй æрбафсæ- рынц се ’рдæм æнæхъæн полкъ, сæ цинæн кæрон кæм уыд, Кочу- бейы полкъ æнхъæлæй, командир сæ æхсын дæр нæ бауагъта. Уы- дон та разындысты урсгвардионтæ, ацагътой хъахъхъæнджыты, аздæхтой фынæй, улæфæг æфсадмæ æмæ дзы фæмард 1333 хæс- тоны. Чи ма дзы раирвæзт, уыдоны тыххæй Къостайы чиныджы ахæм æрмæг ис: «Люди, оказавшись в окружении белых проби- вали себе путь, доводя дело до штыков. Вообще, о поведении бойцов (осетинской бригады) приходится отозваться с похва- лой: окруженные и покрываемые непрерывным огнем, вызыва- ющим многочисленные потери, осетины пробивали себе путь и не думали о сдаче». Ацы æнамонды хабары кой ракодта уæды Владикавказы га- зет «Терские ведомости». Банысан кодта, куыд цагътой æнæхæ- цæнгарз, хуыссæгхъæлдзæг адæмы, уыдон та хъаматæ æмæ æх- саргæрттимæ сæхицæн æддæмæ куыд гæрстой фæндаг. Кæд æххæстæй нæ, уæддæр газет ракодта, чи раирвæзт, уы- донæй цалдæры кой. Уыцы нымæцы: Плиты Симон, Пæррæста- ты Тути (æвæццæгæн, Тембол), Тедеты Никъала, Дыгъуызты Батырбег, Котолиты Никъала, Къæбысты Сикъо, Гæззаты Геор- ги, æфсымæртæ Козаты Георги æмæ Григори, Санахъоты Пла- тон, Цоциты (ном дзы нæй, чи раирвæзт уыдон та уыдысты Цоциты Никъала, Алыксандр), Джыгкайты Георги, Дзаттиаты Сачино, Харебаты Герсан, Багаты Елиоз, Цхуырбаты Гæбо. Чи раирвæзт, ацы номхыгъдмæ чи нæ бахауд, ахæмтæ дæр дзы ис, зыдтон дзы иуæй-иуты лæгæй-лæгмæ дæр. Уыдон та уы- дысты æфсымæртæ Степан æмæ Лентъо Джиоты, Пæррæстаты Тембол, Санахъоты Аслан, Дзаттиаты Уасдже, Джиоты Илларион æмæ æнд. Цы æрмæджытæ баззад нæ полкъы тыххæй, уыдон нын амо- нынц иу стыр хъуыддаг: мæнгардзинад, гадзрахатæй цæуын, уæййаг æлгъаг удты куыдздзинад сæ кæнон бакодтой. Ахæм уæйгæнджытæй иу уыдис Чхеидзе, мыггаг Давидов хæсгæйæ, рабæрæг сты йæ цъаммар митæ æмæ æхст æрцыд Дагеста- 115
ны. Гуырдзыйы уæйгæнджыты фæндаг Бургъустанмæ дæр ныххæццæ. Æниу загъд ис уый дæр, Серго Орджоникидзе боль- шевикы кадджын ном хæсгæйæ, хорз зыдта ирон полкъы ’хсæн уæйгæнджытæ кæй уыд, фæлæ йæхи ницы уынæг, ницы хъусæг скодта. 1968 азы Бургъустаны станицæйы цæрджытæ сæхи фæрæз- тæй станицæйы кæрон сæвæрдтой цырт Хуссар Ирыстойнаг хæстонты номыл. Мæгуырау нæ уаид, Хуссар Ирыстоны зæххыл дæр, иу зынгæ бынаты, æвæрд куы æрцæуид цырт, цæмæй нæ дзыллæ зоной, чи байсæфт, уыцы адæймæгты. Бургъустаны тохты хайадисæг уыдысты нæ зынгæ фысджы- тæ Беджызаты Чермен æмæ Хъуылаты Созырыхъо. Чермен, фæстæдæр, Советон дуджы ракодта Бургъустаны кой иуцалдæр æмдзæвгæйы. Йе ’мдзæвгæтæй иу зæгъы: « Æртæ сæдæ æмæ æрдæг æрхуыссыд». Ардыгæй хатдзæг саразæн ис: 350 æрхуыс- сыд, байсæфт, цагъд æрцыдысты. Уыдон æнæмæнгдæр уыдысты Хуссар Иры хæстонтæ æмæ дзы абоны-бон мах цалы зонæм - се ’мбисы дæр нæ. Махæн уыдон агуринаг сты, æгæр сæ ныууагътам рохуаты. Кæд уый гæнæн ис, уæд хъуамæ зонæм, ирон полкъы Хуссар Ирæй цал уыд, цал дзы фæмард, читæ уыдысты, абоны-бон дзы кæйты нæ зонæм. Беджызаты Чермен æмæ Хъуылаты Созырыхъо 1932 азы сæфт æрцыдысты сæ бакæнгæ куыстытæ абон нæ къухы не сты, сæфт сты сæ архивтæ дæр. Уæддæр дзæнæты бадæд Беджыза- ты Чермен, уый цалдæр æмдзæвгæйы ракодта Бургъустаны кой. Уыцы æмдзæвгæтæ сты: «Бургъустан», «Бургъустаны быдыр дардыл», «Арвыл мигъ уылæнтæй бадти», « Æртæ сæдæ ’мæ ’рдæг æрхуыссыд». Цыбыртæй йæ зæгъæм, цæуыл у Чермены ныхас ацы æм- дзæвгæты. Æмдзæвгæ «Бургъустан»-ы автор дзуры, куыд рæвдз кодтой ирон полкъы фæндагмæ, Врангель куыд ныббырста Цæ- гат Кавказмæ, цы æбуалгъы митæ кæны Хвостиков йе ’фсадимæ, тырнынц ирæттæ адæмы знæгты ныддæрæн кæнынмæ. 116
Йæ иннæ ’мдзæвгæ «Бургъустаны быдыр дардыл»-ы та уы- нæм, ирон полкъ куыд ныххæццæ Бургъустанмæ, куыд сцырын карз тох. Зæгъы йæ поэт: «Кард æхситтæй гæрды уæлдæф, Джебогъ цыргъ кæны йæ фындз. Топпыхосы сау æнуд тæф Рæуджыты ныссадзы сындз». Æндæр, æбуалгъдæр нывтæ æвдисы автор йе ’мдзæвгæ «Арвыл мигъ уылæнтæй бадти»-йы. Цы ’рцыд иу æхсæв бо- нырдæм ирон полкъыл, куыд сæм ныббырстой урсытæ, куыд мызт цыхцырæгау сæ туг, куыд хъуыстис алырдыгæй хъæр: «Чи нæ ауæй кодта знагæн»? Хуыздæр фæрæзæн ма равзæр- стой размæ цæуын, æрхъулайы рæхыс атонын. Поэт федта уый дæр, урс хъазахъхъ 100 бæрц куыд акодтой уæлмæрдмæ. Æрхъула, уынгæджы раны бахауд ирон полкъ, бамбæрстой, се’хсæн уæйгæнджытæ кæй ис, кæуын æмæ тъизыныл не схæ- цыдысты, хуыздæр фæрæзæн ма равзæрстой хъаматæ æмæ æх- саргардтæй фæндаг айгæрдын, къазармайæ аирвæзын. Уыцы æбуалгъ хъуыддаг цæмæ æркодта полкъы - банымад- той йын йæ зиæнтты. Æнæмсæр, æвирхъау хæсты 1500 хæсто- нæй фæмард 1333. Чермен уыцы нывты æвдисы йе ’мдзæвгæ «Æртæ сæдæ мæ ’рдæг æрхуыссыд»-ы. Зæрдæрыстæй дзуры: «Æртæ сæдæ ’мæ ’рдæг æрхуыссыд Бургъустаны даргъ фæзы Номгай ма сæ чи фæмысдзæн, Калдтам ’мбæлтты иу уæрмы». Черменæн 350 цæмæн сты, кæд æмæ дзы фæмард 1333. Чи зо- ны, Хуссар Ирæй чи бабын, уыдоны нымæц ын у 350. Æнæхъуа- джы нæ зæгъы: «Номгай ма сæ чи фæмысид». Фæстæдæр, йæ лæджы кармæ куы бахæццæ, уæд Бургъустан æмæ 20 азты æппæт хабæрттыл зæрдæбын ныхас фæкодта зын- гæ ирон поэт Бестауты Гиуæрги йæ кадæг «Бургъустан»-ы. 117
20 азты геноцидыл 1959 азы уацау ныффыста зынгæ поэт æмæ прозаик Плиты Илья. Схуыдта йæ «Сырх тырыса». Æртындæс коммунары фæлгонц дæр аккаг бынат æрцах- ста нæ ирон Советон литературæйы. Фыссæн сыл абон дæр ис, фæлæ фыссынæн хъæуы историон æрмæджытæ æмæ уыдон та къухы не сты. Тых æмæ фыдæй уард æрцыдысты 13 коммунары нæмттæ æмæ мыггæгтæ. Абоны-бон дæр бæрæггонд не ’рцыдысты Бур- гъустаны байсæфæг адæмы нæмттæ æмæ мыггæгтæ, загътон ма йæ, сæ номыл Иры зæххыл дур сагъд дæр никуы ис. Диссаг у чысыл Иры истори, кæмыты нæ ныккалд нæ туг, кæй сæрвæлтау нæ радтам нæ цард. Рæстаг адæмæн сæ фæндæгтæ ахæмтæ вæййынц.
КÆРОНБÆТТÆН Фыццаг геноциды хабæрттæ дардыл сты. Хуссар Ирыл уæд Гуырдзыйы меньшевикон хицауады къухæй цытæ ’рцыд, уыдон сты дугъы диссæгтæ. Тæтæр-монгол, стæй уæд къуылых Тимур, цы æнæбыны митæ бакодтой Цæгат Ирæн, ахæм æбуалгъы митæ та Хуссар Ирæн бакодта меньшевикты хицауад. Ирæн 1920 аз, июны мæй, зæрдылдаринаг у. Дыккаг геноци- ды æрмæджыты хуызæн нын фыццаг геноцидæй куы баззадаид, уæд абон нæ ныхас æндæр уаид (аххосæгтæ уæлдæр загъд æр- цыдысты). Ир хъуамæ бæстон ныхъхъуыды кæной уæды дугыл - бинонты зиæнттæ, хæдзар æмæ фæллæйтты фесæфт, ног ралæу- гæ дуджы хæрзиуджытæ - ам дæр нæ сæрылхæцæг уыд Уæрæсе. Ног дуг хæрамдзинæдтæ сафæг уыд, уый нын нынныхъуы- рын кодта не стыр маст æмæ дудгæбæттæ, фæлæ уымæй гуыр- дзы хатдзæг не скодтой, сæ роны цы залиаг калм æмбæхстой, уый та рауагътой æмæ сырæзт ног геноцид. Ам дæр та нæ ирвæ- зынгæнæг - Стыр Уæрæсе. Уый руаджы Хуссар Ир ссис хæдбар паддзахад. Цы ’рмæджытæ хаст цæуынц рæгъмæ, уыдон нын хъуамæ амоной, цæмæн æрцыд фыццаг геноцид, кæм фæаххосджын сты Ир æмæ Ирыстон. Дзæвгар у сæ нымæц, революци æмæ сæрибары царды сæр- вæлтау йæ цард чи радта, уыцы фæлтæрæн. Уыдонæй алчи дæр йæ мæлæты размæ фидарæй загъта: «Мæлæм! Уæд лæугæйæ! Кæй кой нæ ракодтам, уыдоны хиуæттæ бахатыр кæнæнт, рох не сты, цæуы сыл куыст, уагъд сыл цæуы алыгъуызон чингуытæ, сæ кой кæндзысты радио, телеуынынад, нæ газеттæ æмæ нæ журналтæ. Стыр Хуыцау æмæ Дунейы фарн, бахиз нæ дарддæры фыд- былызтæй. 119
СÆРГÆНДТÆ Разныхас 5 Схъызыди Рукъгом 9 СанахъотыВладимир 19 Плиты Иорданы фыртАрон 24 Дзаттиаты Михелы фырт Алыксандр 31 Гаглойты Григолы фырт Серги 39 Абайты (Зораты) Нафаилы фырт Алыксандр 45 Санахъоты Иуаны фырт Мате 49 Козаты Шамелы фырт Разден 56 Джиоты Никъалайы фырт Илларион 63 Джиоты Арсены фырттæ Лентъо æма Степан 68 Беджызаты Дауиты фырт Чермен 75 Хъуылаты Созырыхъо 83 Фыццаг геноцид æмæ Бургъустан 99 13Коммунары 111 Ирытугкæм ныккалд 112 Кæронбæттæн 119