Text
                    ГАДЖИТЫ ГЕОРГИ


840сет С(Осет) Г14 Рецензент Е. Тедеев Гаджиты Г. П4 Гутон æмæ стъалытæ: Æмдз.—Орд- жоникидзе: Ир, 1982.— 103 ф. Гагиев Г. Б. Плуг и звезды 40 к. В книгу «Плуг и звезды» вошли лирические сти- хи-раздумья о жйзни, о любви, о поездках поэта а зарубежные страны. В сборник включены также тексты песен, написанных в творческом содружест-' ве с осетннскими композиторами Алибеком Бери- евым, Хрнстофором Плиевым, Дударом Хахановым и др. 70403—62 840сет Г М131(03)-82 48~82 С(Осет) © Издательство «ИР», 1982
*#* ÆМДЗÆВГÆТÆ ГУТОН ÆМÆ СТЪАЛЫТÆ Мæн фæнды, цæмæй мæ Ир, мæ бæстæ Стъалытæм цымыдисæй кæса, Къгддæр уайой хæсты нывтæ цæстыл, Рухсдæр фидæн рухс амонд хæсса. Уа цæмæй нæ цардамонд æлутон,— Ууыл дзыллæ зарджытæ фысса, Хъуамæ кусæг рацæгъда зынг гутон, Зæхкусæг цъæх ауæдзыл тыхса. Хъуамæ сбада гутондар зынг бæхыл, Мах та йын «фæрнæйдзаг у» зæгъæм. Гутон арф куы нæ ацæуа зæххы, Уæд куыд ис ыстъалытæм тæхæн?.. *н** МÆ КÆСТÆРÆН Нæ хъæуы тагъд-тагъд кæнын царды, Кæд иу хатт цæры лæг, уæддæр. Кæд цар’ды циныл зарæг зарыс, Уæд баназ царды маст фылдæр. Ц&мæй дæ фидæны фæлтæртæ Бæрзонд, уæздан ныхас зæгъой, Цæмæй ирон фынгыл сæ сæрмæ Æрхæссой ракæнын дæ кой. 3
Дæ хорз хъуыддæгтæй ма у разы Æмæ, нæргæ куы уа дæ кад, Уæддæр рох ма фæкæн, дæ размæ Къоста Ирыстоны кæй цард... *** * * * Мæ хорЪ æмгар, дæуæн дзурын мæ фæндтæ, Дæуимæ абон дард балцы цæуын. Куыд хорз у уæдæ а зæххыл цæрын, Сывæллонау сыгъдæг куы уа дæ зæрдæ! Æз никуы ’взæрстон над фæндæгтæ царды, Æдзух дæ фарсмæ хъузонау цыдтæн, Æрмæст æрхæндæг хаттæй-хатт ^ыдтæн, Æмæ мын уый ныххатыр кæн мæ зарды. Æз уарзын цин, æз рухс фидæныл зарын, Фæлæ цы лæг нæ бавзара æнкъард, Уый у мæгуыр; уый никуы уарздзæн цард Æмæ уæд махæн не сбæздзæн æмбалæн. Мæ хорз æмгар, фæцудынæй (мын ма тæрс,— Поэзийы зынтæй фылдæр цы ис! Куы ’рхауон æз, мæ зарæг-иу мын сис Æмæ йæ дарддæр рухс фидæнмæ ахæсс. *** ФЫДЫЗÆХХ Кæй зыдтон, зæрдæйæ кæй уарзтон — Сæ фылдæрыл нал хæцы цæст... Цы кæнон, сæ фæдыл фæраст уон Æви ма фæлæууон æххæст? 4
Мæн рагæй æлвасы йæхимæ Ныййарæгау райгуыр’æн зæхх. Фыдгулты кæлæнтæ ’мæ хинтæй Æнафоны зæрдæ фæцъæх. Æз уалдзæгæй цас хæрзтæ зонын, Йæ хурæй дæр кодтон æрра. Цæй, а зæххыл бакæнон сомы, Цæмæй мыл хæкъуырццæй кæуа, Цæмæй мын, кæй йыл цыдтæн хъавгæ, Кæй йæ кодтон сагъæсæй’ хурх, Йæ риу уа æнустæм дæр авдæн, Йæ рæвдыд — яыййарæджы къух. Кæй зыдтон, зæрдæйæ кæй уарзтон — Сæ фылдæры нал уыны цæст... Сæ хæс сын мæхимæ æз райстон. Хъæуы мæ фылдæр ныфс æрмæст. ### ПОЭТИКОН ИЗÆР Ссыгъдысты поэзийы цырæгьтæ, Рухс зæрдæтæй фесæфт талынг, маст. Раст цыма сызгъæрингъуыз æндæхтæй Сагъæстæ æрцæуынц иумæ баст. Фесæфти хæрамдзинад, мæнгард ми, Сулæфыд йæ къæхты бынæй зæхх, Абырста хæлардзинады арми, Амардта нæ зæрдæты фыдæх. Æмæ дуне ноггуырд мæйау худы, Кувæндонау зæрдæтæ сыгъдæг, 5
Иу нæ кæны иннæмæ тæхуды, Иу нæ кæны иннæмæ хæлæг. Рын æмæ фыдæн сæ хъару не сси Бакæнык нæ рухс фæндтæм сæ арм, Гъей-джиди, цæй тыхджын дæ, поэзи, Гъей, мæгуыр, цæй æдых дæ, хæрам! ФЫДЫБÆСТÆ Æз райгуырдтæн цъæх-цъæхид арвы бын. Фыдыбæстæ, мæ ’авдæн мын уызтайг, Куы нæ зыдтон æдæрсгæйæ цæуын, Уæд мæ фыдрын, фыдбылызæй хызтай. Куыд бафидон дæ буц рæвдыд дæуæн, Фыдыбæстæ, мæ удæнцой, мæ бон! Мæнæн æнæ дæу иу бон цард дæр нæй, Мæнæи æнæ дæу рухс дуне — зындон. Æрыздæхтæн та дард балцæй хъæмæ, Ныййарæгау мæм худгæйæ кæсыс. Фыдыбæстæ, мæ зæрдæйы куы дæ, Уæд дын, зæгъ-ма, куыд акæнон хъæбыс?! *** ИРОН «Ирон-ирон»-гæнгæ куы цæрай, Ир’он — дæ цин, ирон — дæ хъыг, Æмæ дыл ирæттæ куы калой Æрмæстдæр искæд бон цæссыг, 6
Фæлæ æфсымæрон дзыллæтæ Куы нæ зæгъой, кæй уыдтæ лæг, Куы нæ дыл фæрисса сæ зæрдæ,— Зæгъ-ма, цæй ирон уыдтæ уæд? *** ÆХСÆРДЗÆНТÆ Макуы дзурут: æхсæрдзæнтæ зарынц, Хъазгæ, худгæ урс хæхтæй тæхынц... Æхсæрдзæнтæ судзаг цæссыг калынц, Æхсæрдзæнтæ сау марой кæнынц... Макуы дзурут: æхсæрдзæнтæн дар’дмæ Раст æмæ æнцон уыдзæн сæ фæд... Искуы фсдтат дзидзидайы заргæ, Мадæй йæ куы фæиртасынц, уæд?, Макуы дзурут: æхсæрдзæнтæ размæ Цингæнгæйæ (денджызмæ тындзынц... Искуы федтат, хъазгæ æмæ худгæ Хорз чызджы куы фæхæссынц чындзы?.. *** МÆ ФÆЛТÆР Æз цардæй æнцойад нæ домын, Æгас цæуæд тох æмæ рын! Цыбырдыс чырынтæ хæдоны Æз тымыгъты ныхмæ бырсын. 7
Мæ фæлтæр, дæ сагъæс, дæ рыстæй Æз никуы ыздæхтæн фæсфæд. Мах полчъы хъæбултæ уыдыстæм, Мах тынг раджы бацыди мæт. Мах фаг рæвдыд цар’дæй нæ зыдтам, Нæ хæлæрттæ — маст æмæ хъыг. Мах не ’дзард фыдæлтыл куы куыдтам, Фæлæ нæ кæмæй хауд цæссыг? Мах не скодтой къулбадæг ахуыр, Æдзухдæр æмбæрстам нæ хæс, Æрæнцади царды уæз махыл, Гъеуый тыххæй не схастам рæз... Фæлæ ныр цы дзурæм нæ ристыл, Кæмæ кæнæм царды хæлæг? Æрмæстдæр æвзыгъд коммунисттæм,— Уæззау тохты чи уыди лæг! Сæр’ибарыл Ирæй Берлинмæ Иæ туг чи нæ кодта æвгъау, Гъе, уыдонмæ бæллæм мах иумæ, Гъе, уыдонæй исæм æгъдау. Гъе, уыдонæн кувæм нæ сæрæй, Бæрзонд сын хæсдзыстæм сæ ном, Цæмæй нын нæ хæстдомд фæлтæрæй Сызгъæрин ныхæстæ зæгъой: «Разы у сымахæй нæ бæстæ, Уæ уæнгты æхсиды нæ туг, Уæ хуызæттæ аразынц рæстæг, Уæ хуызæттæй фидауы дуг!» 8
* * * Лыстæг, æнæбазыр хъуыддæгты Кæны мæ царды монц тызмæг, Кæнынц изæрмилтау сындæггай Мæ уд, мæ сагъæстæ мынæг. Кæддæр мын цас уыдис хæлæрттæ, Мæ сæрыл сын уыдис фæндаг, Сæ иутæ мын ныр дæр — хуыцæуттæ! Лыстæг сырдтæ дæр дзы уыд фаг... Ныр дæр мæ хъысмæтыл фæстохау Зыны бæзджын фæздæджы тæлм, Æмæ мæ зæрдæйы фыдохау Æнусты рис æвæры фæлм. Фæлæ мæм рæстæджы нысæнттæ Куы схудынц сабиау рæсугъд, Уæд цинæй рацæйтоны зæрдæ, Æмæ ныззæлланг кæны уд. ##* поэт Поэт мæнг ныхæстæ куыд фысса, Куыд хона зындоны дзæнæт? Къоста йæ рухс ингæнæй сыстдзæн Æмæ дыккаг мард кæндзæн уæд. Поэт егъау мыздыл куыд дзура, Куыд кæна йе ’мдзæвгæтæ уæй? Йæхицæн хорзæхтæ куыд кура, Куыд цæра амондджын, фæрнæй? 9
Поэт мæнг ныхæстæ куыд фысса, Куыд кæна хицауадмæ хъаст, Кæуылдæр дам-думтæ куыд мыса, Хæрам лæджы куыд хона р’аст? Поэт цыфæнды стыр хицауæн Йæхæдæг рахæссы тæрхон, Æмæ уæд суанг ыстыр хуыцауæн Чæу уымæн аивын йæ бон. Поэт мæнгард дзырдтæ куы фысса, Куы нæ уа табугонд йæ ном, Уæд уый нæу дзыллæйæн тырыса, Уæд уый нæу дзыллæйы цæсгом. **# «НАЦИОНАЛИСТ» Фæсарæйнаг фыссæг мæ ба- фарста: «Цавæр музыкæ уар- зыс тынгдæр?» Æз ын ирон куы загътон, уæд мæ рахуыд- та националист. Куы федтон хорз адæмтæ бирæ — Нæ хæссын уыдонмæ æз фау,— Уæд тынгдæр бамбæрстон, нæ Ирмæ . Кæй ис рæсугъд фæтк æмæ ’гъдау. Куы кастæн Дант æмæ Шекспиры (Сæ дзырдты фар’ныл кодтон дис), Уæд тынгдæр бамбæрстон, нæ Ирæн Рæсугъд, аив æвзаг кæй ис.
Куы хъуыстон Моцарт аёмæ Бахмæ, Уæд тынгдæр бауырныдта мæн, Кæй ис нæртон зарджытæ махмæ Æмæ сын нæй зæххыл мæлæн. Æдзух цы лæг дзура: «Мæ бæстæ, Зæххыл дæ хуызæн нæй дыккаг», Кæны уый базайраг ныхæстæ Æмæ у дзыллæйæн ызнаг. Фæлæ цы лæг хона мæлинаг Йæ туг, йæ хорз æгъдау, йæ фыст,— Уый у дыууæ хатты кæуинаг, Уый у дыууæ хатты æлгъыст. Уæдæ ирон зарæг кæй уарзын, Кæй у Къоста мæ уд, мæ рис, Хæссыс мæм уый тыххæй кæд азым, Уæд-иу мæ хон националист. Мæнæн дунейыл у зынаргъдæр Домбай æфсымæрон Цæдис, Нæ уарзын уый æз Ирæй къаддæр, Æмæ мæ хон националист. Мæнæн мæ хур, мæ цæст — Уæрæсе, Мæ судзгæ уарзт, мæ бон, мæ ис. Мæ еæр бæрзонд хæссын йæ фæрцы, Æмæ мæ хон националист. Куы ’ртайа боны рухс мæ цæстыл — Иронау мын ыскæнут хист. Куыд зæгъой ме знæгтæ мæ фæстæ: «Мæрдты дæр у националист!» ***
ЗÆРОНД НЫВГÆНÆГ Цыма хуыцауы сконд у, дурæй Нæрæмон цырт бæрзонд фæцыд, Æмæ йæ саразæг йæ цуры Æрвдзæфау æрмадзы лæууыд. Фæрсынц æй йе ’мбæлттæ: «Цы рцыди, Зæгъ-ма, цæмæ ’руагътай дæ сæр? Дæ цырт нæ зæрдæмæ фæцыди,— Уый у дæ уацмысты хуыздæр! Кæс-ма, бæрзонд фæцыд цъæх арвмæ, Æнусты уый цæрдзæн фæрнæй. Дæ куыст у афтæ аив, афтæ, Æмæ йæм фау æрхæссæн нæй. Дæ нывмæ кæсгæйæ æвзæрынц Нæ риуты цины монцтæ, уарзт...» Фæлæ дзы цас фылдæр æппæлынц, Гъеуый бæрц тынгдæр судзы маст. Цæуылнæ йын зæгъынц рæстдзинад? Куы уаид афтæ аив цырт, Уæд дзы куыд нæ ссарынц хъæндзинад, Кæнæ хуымæтæджы рæдыд? Иæ рыст зæрдæ фыдох æнкъары, Кæнынц йæ кæстæртæ та цин: Иæ куысты иу аипп нæ ары — Æмæ йæ курдиат фæци! ***
ДЫУУÆ ПОЭТЬ! Ис иу поэт. Уый булæмæргъау зары, Æдзухдæр мæймæ, стъалытæм — йæ каст, Йæ чингуыты нæ вæййы цин, йе маст, Уæддæр 1йæхи æцæг классикау дары. Уый никуы вæйиы йе ’мбæлттау æнкъард, Дыууæ минутмæ афыссы æмдзæвгæ, Æмæ нын кæд нæ агайы нæ зæрдæ, Уæддæр чысыл нæ райсы гонорар... ...Æндæр поэт... О, уымæн у йæ бон Цæрæнбонты хæссын йæ риуы зарæг, Уый у æдзухдæр балхон æмæ сгарæг, Æмдзæвгæ фыссын уымæн у зындон... Нæ йын у нард фынг, буц бæрæгбон цард, Чысыл цæлхдур нæ кæсы уымæ стыр дур... Æцæг поэт æдзух вæййы мæгуыргур, Æцæг поэт æдзух вæййы хуыцау. ### Мæрзойты Сергейæн * * * Хæларæй фæцардыстæм иумæ, Æфсымæр дæ загътон мæхицæн. Кæй никуы дыл рацыдтæн хинæй, Дæхи зæрдæ уымæн — æвдисæн. Æмгарæй æз бирæ нæ домын,— Кæй хъæуынц козбаудзæф ныхæстæ? 13
Æр’мæот-иу зын сахат, тыхст бонЫ Мæ фарсмæ æрбалæуу æдæрсгæ. Мæ сагъæс, мæ мæт-иу мын бамбар, Æмæ мын-иу авæр ныфсытæ, Къостайы зарæг-иу мын азар,— Фæкъаддæр уыдзысты мæ зынтæ. Хæларæй фæцардыстæм иумæ, Æфсымæр дæ загътон мæхицæн, Кæй никуы дыл рацыдтæн хинæй, Дæхи зæрдæ уымæн —- æвдисæн. Ныр дæр ма цы рæстæг фæцæрæм, Уым хъуамæ уæхски-уæхск фæцæуæм, Нæ фæндаг та зын æмæ даргъ у, Нæ цард та æнæ уый цæй цард у? *** МÆ АХУЫРГÆНÆГÆН Ды дæ сæууон æртæхдзæст арвыл Фыццаг зæрин хуры цæхæр, Ды дæ мæ сæнтты монц — цъæхбазыр, Мæ фыццаг хъуыдыты пæр-пæр. Ды дæ æнусмæ ныр мæ зар’æг, Ды дæ мæ цин æмæ мæ уарзт, Ныббар, ныббар мын куыд ныййарæг, Кæд дын ыскодтон искуы маст. Кæд дын æфтыдтон мæт дæ мæтыл, Кæд мын мæ сонт митæ уыдтай, Æмæ мæ хуызæтты хъысмæтыл Дæ базыл сусæгæй куыдтай. 14
Кæд-иу ыстыхстæ ды мæ хъæрæй, Мæн тыххæй бавзæрстай зынтæ, Æмæ æнафоны дæ сæры Фæзынди урсытæ фылдæр... Лæууын сывæллонау дæ цуры, Кæсы мæм ме ’взонгад фынау, Мæ риуы та цæры дæ сурæт — Рæсугъд сæууон хуры тынау. ИЫХАС САЛЬВАДОР АЛЬЕНДЕИМÆ Æз дæу, комрад, лæгæй-лæгмæ нæ федтон, Сантьягойы нæ уыдтæн æз, ды — Иры. Дæуыл фыссынц ныр дунейы поэттæ, Цæрыс рæсугъд сæуæхсидау сæ риуы. Паддзах нæ уыдтæ, хорзæхтæм нæ кастæ, Уыдтæ æдзух сæрибары фæдисон. Дæ риу тыдта æфхæрд дзыллæйы мастæй, Æмæ чысыл нæ феххуыс дæ сæ рисæн. Æууæндыдтæ рæстдзинадыл, æфсармыл, Æмæ дыл знæгтæ рацыдысты хинæй, Сæ фыццаг тæрхон уыд дæуæн дæ цардыл, Мæрдтæм дæ фæстæ бар’выстой ныр минтæ... Дæ сыгъдæг зæрдæ мах æфтауы дисы: Фæлтæрд салдат, куыд дæ асайдта хунтæ? Куыд дæ ферох ис, балбирæгътæ цирчы Æрмæст фæкæиынц хъазгæ æмæ худгæ? ...Ныдзæм дæ бæстæ. Кæд, миййаг, дæу мысы? Фæсабыр ысты марой æмæ хъарæг., 15
Зынг континенты талынг риуæй хъуысы Дæ фæдонтæн сæ тохы сидт, сæ зарæг: «...Мах цæуæм мæлæтдзаг тохмæ, уарзон президеш Нал ахуысдзæн тохы арты судзгæ континент! I Багъæцут, нæ сау ызнæгтæ, разылди уæ дуг,— Хъуамæ р’айсæм бартыл тохы не ’фсымæрты туг!.. СÆЙРАГ КОНСТРУКТОР О, цал æхсæвы дун-дуне нæ хуыссыд, Цымыдисæй уæларвмæ уыд нæ каст, Дыууæ уаримæ космосы хъæбысмæ Зæххы къори цымыдисæй нымдзаст. Нæ хуыссыд фыд, фынæй нæ кодтой хотæ, Æрфæны фæдæй нал истой сæ цæст. Ныййарæгыл ныддаргъ ысты йæ бонтæ, Чызгайы зæрдæ сагъæстыл фæхæст... Æрыздæхтысты уаритæ уæларвæй Сæрыстырæй, уæлахизæй, фæрнæй. Куы сын кæнынц æгас дзыллæтæ арфæ, Зæххыл æрмæст у иунæг лæг фынæй... Уый уар’иты æрцæйтæхгæ куы федта, Æруагъта уæд фæллад къухтыл йæ сæр... Йæ къæхты бын — нæ зынгзæрдæ планетæ, Йæ уæлæ та — ыстъалыты цæхæр. Фæфылдæр ысты тар ныхы æнцъылдтæ, Йæ дæрзæг былтæ худæзмæл кæнынц, 16
Фынæйæ дæр ма генион хъуыдытæ Йæ сæры магъзы дугъæттау тæхынц. Мæ иубæстаг, ныххатыр кæн ды уымæн, Кæй нæ кæны ныртæккæ немæ цин: Цæмæй нæ хуыссой къорд æхсæвы дзыллæ,— Уый мин æхсæвы ’нæхуыссæг фæци! *** ФÆЗЗÆГ УÆЛЛАГКОМЫ Дæттæн сæ дугъуад фæкъаддæр, Саппытыл фæсал~фæбур. «Бафснайут зад хуымтæ тагъддæр!» — Сиды Уæллагкомæй хур’. Атахти зæрватыкк фатау, Сырддонцъиу гонмæ нымдзаст... Уæртæ æвзыгъд акробатау Кауыл æрцауындзæг нас. Фыстæ ыстыхсынц сæ фистæй, Фиййау сæ уисæй «хынцы»... Мæлдзыг йæ уæззау уаргъ систа, Узгæ дæлдзæхмæ тындзы... Мæйрухс та луары йæ тынтæ, Кæмттæ нæ кæнынц фынæй. Хъуысы ирон цагъд Къæмынтæй, Хъуысы ирон зард Дымтæйг. Фынг у ирон царды скъола — Дзыллæйы кад æмæ р’ад. Фысымтæ кувынц: «Ныккола...» Чындзхонтæ курынц: «Бæркад...» 17
ДЫУУÆ ЦЫРТЫ Фæмард ыстыр хуыцауы рыиæй Цæстфæлдахæг æмæ фыдлæг, Æмæ йын йе ’мхуызон уырытæ Ыскодтой диссаджы хæрнæг. Цы нæ козбау ныхас дзы загътой: Цыма уыд дзыллæйæн йæ фырт, Æмæ зынаргъ дурæй ныссагътой Хъæбатыр лæгау уымæн цырт. — Куыд нæ атонынц, куыд, нæ фæрстæ,— Дзырдтой,— цы лæг уыди, цы лæг?! Фæлæ чысыл рæстæджы фæстæ Йæ цурмæ нал уыди зынæг... ...Йæ фар’смæ хохаг дурæй цыртыл Æрмæстдæр цалдæр дзырды фыст: «Ирон зæххыл, ирон сыджыты Фæлладæй кусæг лæг хуыссы». Нæ хъуысти уæлсынтæй йæ кадæн Мæнг ныхæстæ æмæ мæнг кой,— Йæ мард сæхимæ райстой адæм Æмæ йыл сабитау куыдтой. Ныр дæр фыдохы бон куы ’рцæуы, Куы ’вæрынц уæлмæрдты зиан, Уæд алчи кусæг лæджы къæйыл Æнкъардæй авæры йæ арм. Æмæ цыма ызнон фæхицæн — Сæ риутæй райхъуысы хъæрзын. Кæсы сæм «сахъ лæджы» цырт дисæй Æмæ йæхинымæр кæрзы. 18
ÆДЫЛЫТЫ ÆВЗÆРДÆР (Æмбисонд) Иу хъæуы цардысты адæм фæрнæй, Фæлæ дзы чи уыд йæ хорз цардæй разы? Ахæм хъæу зонут, зондцух кæм нæй? Уыцы хъæуы та дзы иу дæр нæ разынд, Никæуыл худтысты иумæ хъæрæй, Раджы сæ ферох цыргъзонд ныхас, хъазын. Райдыдтой агурын се ’хсæн сæрхъæн, Диссæгтæ кодтой кæрæдзийы цæстмæ, Исчи кæд р’азынид суцца, сæртæг, Исчи кæд сдзурид æдылы ныхæстæ../ ...Рацыд æрмæстдæр хæрзчысыл рæстæг — Нал уыдис сæрхъæнтæн се ’хсæн нымæц дæр. Иу æдылыйæ «фæфидауы» хъæу, Дыккаг дæр худынæн ницы хъыгдары, Æртыккаг, цыппæрæм царды хос нæу, Райдыдтой хъæубæстæ се сæфт æмбарын, Иурайсом райстой сæ къухмæ кæрдтæ, Сфæнд кодтой се «знæгты» иумæ ныммар’ын. Хъæугæрон сæрхъæнтæн се ’взæрдæр цард, Уырдæм цыдысты. Кæсынц æмæ дурыл Æдылы дауы йæ ызгæхæрд кард, Хъама — йæ астæуыл, хъримаг — йæ цуры, — Байрйай, Хамбитта, цы кусыс, зæгъ-ма? — Ма мæ хъыгдарут,— тыхстхуызæй сæм дзуры,— Дысон нæ хъæубæстæ бахордтой ард, Хъуамæ нæ сæрхъæнты скæнæм быныскъуыд, Цомут мæ фæстæ, цæттæ у мæ кард!.. 19
...Хъæубæстæ йууыл æрвдзæфтау уыдыстЫ, Стæй уæд йæ саулохыл алчи ысбадт... Худгæ сæ фæрныг хæдзæрттæм цыдысты... *** * * * Афтæ ма ’нхъæл, маст исынмæ ’мхиц дæн,— Уæд мæ риуы атонæд мæ маст. Чи скæндзæнис барæй знаг йæхицæн, Чи схондзæн æнæраст лæджы раст? Фæлæ дыл куы фæхуда мæ зæрдæ, Хорз лæгæй куы зæгъай ды «æвзæр», Уæд мæрдтæй’ дæр сыстдзынæн фæстæмæ Æмæ мын уæд сар кæны дæ сæр! *** МАД Мадæн тохæй нал раздæхт йæ фырт,— Фесæфтис æнæбæрæгæй хæсты. Чи зоны, æдзард салдаты цырт Искуы ис Карпаты гоби хæхты. Ие та лæппу уæлдæфы хæцыд, Æмæ кæд йæ хæдтæхæджы басыгъд, Чи зоны, хæстон-денджызон уыд Æмæ науы доны бынмæ ацыд. Банцад хæст. Ныссабыр и йæ хъæр... Ферох ысты хъæубæстæй сæ ристæ...
Уарзон чызджы ракуырдта æндæ^, Буц хотæ сæ сау кæрдæнтæ систой. Фæлæ мад, ныййарæг мад, уæддæр Не 'уУæнДы #ае хъæбулы мæлæтыл. Не ’ууæнды уый писырты гæххæттыл, Не ’ууæнды, кæй банцад тохы хъæр. Бирæ ’хсæвты не ’рцъынд кæны цæст, Иу бон дæр æнæ кæугæ нæ фæци. А дунейыл раджы банцад хæст, Фæлæ мадæн хæст нырма нæ фæци... *** ХИВÆНД ЛÆППУТÆ Мадæн фарнимæ фондз фырты цард — Саджы фисынтыл амад лæппутæ. Хъуамæ фондз чындзы ’рхастаид мад, Хъуамæ фондз чындзæн загътаид мад: «Æз ныр уе уазæг абон, мæ хуртæ...» ’Рмæстдæр хистæр фырт фарныл фæхæст,— Мад ын скодтаид хъуамæ чындзæхсæв, Фæлæ р’айдыдта тугкалæн хæст, Ссыгъди бартыл сæрибары хæст, Æмæ лæппутæ райстой сæ гæрзтæ. Тох уæззау уыд, кæм ын уыд кæрон? Мад та ’нхъæлдта — рæхджы йæм зындзысты, Мад та ’нхъæлдта — йæ хъаймæты бон Уый йæ фырттæн зæгъдзæнис хæрзбон, Фæлæ лæппутæ хивæнд уыдысты... 21
«Ьырттæй иуы дæр нал федта мад; Топпы дзыхмæ æвæрдтой сæ удтæ, Радтой удуæлдай тохы сæ цард, Скодтой Ирæн æнæмæлгæ кад, Уыцы «мæлинаг» хивæнд лæппутæ... **# * * * Де ’мбæлттæ дæ урс бæрзы бын бавæр’дтой, Писыртæ ныййарæгмæ ныффыстой, Уарзонæн цыдæр зæрдæтæ бавæрдтой, Фæлæ уый цы феххуыс ис йæ рыстæн! Алы бон фæуайыс ды йæ цæстытыл, Колхозы йæ фарсмæ ды фæкусыс, 'Рмæст дæ зард куы нæ райхъуысы хъæзтытæй, Гъеуæд чызг йæ зæрдæмæ фæхъусы. «Мауал æм бад, ныр дæ уд дæхи бар у»,— Хæстæджыты уайдзæфтæй ыстыхсы. Ехх, салдат, дæ ингæны дуар фидар’ у, Уыййедтæмæ сау мæры куыд хуыссыс?! *** * * * Искæд бон мæм удисæг фæзындзæн, Дурзæрдæ мын ахæсдзæн мæ уд, Фæлæ мын уæддæр мæлæт нæ уыдзæн,— Искæмæн та райгуырдзæн лæппу. 22
Конд æмæ уындæй уыдзæн мæ хуызæн — Саухил, саулагъз, сау дыууæ цæсты, Цардæфсис, сыгъдæгзæрдæ, мæстыгæр... Бирæ уарздзæн райгуырæн бæстæ. Никуы суыдзæн адæмыл сæрыстыр, Дар’дзæн сын йæ дæндагæй цырагъ, Ахæм номы чиныг сыл ныффысдзæн, Æмæ йын зын кæнæн уыдзæн аргъ... Искæд бон мæм удисæг фæзындзæн, Дурзæрдæ мын ахæсдзæн мæ уд. Фæлæ мын зæххыл мæлæт нæ уыдзæн,— Искæмæн та райгуырдзæн лæппу... ### * * * Царди лæг, æнæхинæй куыста, Галиу ми, хæрамдзинад нæ барста, Хаттæй-хатт ирон арахъхъ нызта, Иу чызджы йæхи уды бæрц уарзта. Сыхæгтæ йæ мадзура хуыдтой, Арæх æй бынтон дзæгъæлы фаудтой. йе ’мбæлттæ «æгуыдзæг у» дзырдтой Æмæ йæм ысгуыхтдзинад нæ ардтой. ...Иу бон байдзаг адæмæй сæ уынг, Йе ’мгæрттæ дзы «саг лæг уыди» загътой, Сыхæгтæ сæ дам-думтæ ныууагътой, Уымæн æмæ ахуыссыд йæ зынг. ### 23
ЗÆРОНД ФÆДЫСГАРÆГ Кæддæр уæззау тохты йæ номæй Æнæхъæн полкъ сæрыстыр уыд. Кæм сусæгæй, кæм та æргомæй Йæ фазыл не знæгтæм хъуызыд. Мæлæты арæнтыл-иу ахызт, Уæддæр-иу бардзырд уыд æххæст: Кæм-иу йæ къухы бафтыд «далыс», Кæм та-иу «тохъхъылыл» фæхæст... ...Сындæггай рох кæнынц йæ зынтæ, Цы удхар бавзæрста кæддæр. Фæлæ-ма кæс: — йæ фыртыфырттæ Сæ цыппæртыл бырынц уæддæр’... *** СОВЕТОН ИРЫСТОН Чи зоны мæ фыдæлты хъысмæт? Чи бамбардзæн уыдонæн сæ зынтæ? Цас дæ уыд, мæ чысыл адæм, мæт, Цас ныккалдтай туг æмæ цæссыгтæ!.. Тухитæ куы уыдысты дæ хай, Тыгъд быдырты саугуырмæй хæтыдтæ. Скæсæнæй æрбабырста Мамай, Батардта дæ хæхты арф цъæссытæм. Хуссарæй æртхъирæн кодта Турк, Сау денджызæй — тæтæры æрдонгтæ, Бадомдта дæ Особайы дуг, Кæвдæсæрдтæн ницы уад сæ тохæй, 24
Цагъайрæгтæ мардысты сыдæй, Цардæй къæртт æппæрстой хъал æлдæрттæ, Карды комæй, топпы нæмыгæй Хъахъхъæдтой нæ мæлинаг æгъдæуттæ. ...Тынг даргъ у дæ хъизæмар дæуæн, Фæлæ ды дæ зарæггаг поэтæн, Парти æмæ Ленины фæрнæй Ир, мæ Ир, куы ысдæ ды Советон! Райстай ды нæ фыдæлтæй æрмæст Туг, ыстæг, бæрзонд хæхтæ, цъæх фæзтæ, Слæууыдтæ республикты æмрæнхъ, Семæ р’азмæ ацыдтæ æдæрсгæ. Ацæудзынæ ноджы дарддæр ды,— Рухсдæр фидæн сонт зæрдæ æнкъары, Мæн æрмæст Советон Ир хъæуы, Хæлд мæсгуытæ, зæппæдзтыл нæ зарын. Ницы у æрра дæттæн сæ уад, Терчы хъæрмæ мин азты дæр хъуыстой, Фæлæ циу æнæ Уырыс нæ цард? Циу, зæгъут, æнæ Ленин Ирыстон? Уыдонимæ каръ тохты цыдтæ, Бирæ зынтæн ахызтæ сæ сæрты, Ды, Ирыстон, судзгæ ’хсидав дæ Намысджын Октябры цæхæрты. Зæрдæ рухсдæр фидæнмæ бæллы, Ивгъуыд заман цардуагæн цы мысæм? Мах æрмæст Советон Ир хъæуы, Иумæ йыл рæсугъд зарæг ныффыссæм! #*# 25
ЗÆХКУСÆДЖЫ САГЪÆС Зæронд дæн ныр. Мæ уæнгты хъару асаст. Мæ адзал мæм æр’балæууыд хæстæг. Хъуыды кæныи, фыццаг мыл хур куыд ракаст, Хъуыды кæнын мæ сабийы рæстæг. Хъуыды кæнын, ирон фæндыры зæлтæм Куыд систон хъазты ме уæнгтæ бæрзонд. Фыццаг уарзтæй куыд басыгъди мæ зæрдæ, Фыццаг мастæй куыд ныффидар мæ зонд... ...Куы цæрон, уæд ирон лæгау цæрдзынæн, Æлгъыст фæуæд амал æмæ мадзал. Куы мæлон, уæд зæрдæнизæй мæлдзынæн, Хуыцауы рынæй нæй мæнæн адзал. Æз дуджы рисмæ иуварсæй нæ кастæн, Сыгъдысты р’иуы амонд æмæ тох, Фæлæ цы федтон тухи æмæ мастæй, Гъеуыдон мæ кæнынц сындæггай рох. Лæууынц мæ зæрдыл: тохы монцты зарæг, Мæ фыццаг ауæдз колхозон зæххыл, Цыма та ног дæн балхон æмæ сгарæг, Цыма та цины базыртыл тæхын. Ныр дæр ма фехсин, гъей-джиди, мæ нысан, Уæйгуытæ стæм, куыд нæ уромы зæхх? Цы хистæр нæ уа кæстæртæн тырыса, Уый уæд мыггагмæ рæстæджы фыдæх. *** 26
КЪОСТАЙЫ КАР Къостайы карæнмæ фæхæстæг Мæнæн мæ фæлтæры хъысмæт, Æмæ кæны хъазардæр р’æстæг, Фæкъаддæр — цин, фæфылдæр — мæт. Нæ куыстæй арæхдæр ыстыхсæм, Æхсæв дæр нал зонæм фæллад, Фæлæ сæдæ куы уа нæ цард,— Уæддæр Къостайау нæй ныффыссæн! ...Кæм рифмæтæ кæнынц къуылых, Кæм раст зæгъынмæ къух нæ тасы, Кæм уацмыс рауайы фæлвых, Кæм ирд фæлгонц нæ зонд нæ ахсы. Уæдæ, зæгъут, цы у нæ зард? Кæйдæртау рифмæтæй цы хъазæм? Каенæ æвдисæм растдæр цард, Кæнæ нæ фыдæбои ныууадзæм... КЪОСТА Фыдохы бон ирон адæммæ рагæй Лæгау лæгæн куы ахуыссы йæ зынг, Уæд ын фæзæгъынц «рухсаг у» æнкъардæй Æмæ ныккалынц судзаггаг цæссыг. Фæлæ дæуæй нæ дзыллæтæ куыд зæгъой: «Дæ ном уæд рухсаг, дзæнæты фæбад!» Лæгæн кæд искуы йе стыр ном, йæ хорз кой Уæлæуыл баззад, уый у уæд Къоста! 27
Фыдæй фыртмæ ирон адæммæ рагæй Кавд искуы ’рцыдис зондджын ныхас загъд, Кæд айхъуысти ирон лæджы зард дардмæ Нæ талынг хæхтæй, уый у уæд Къоста! Къоста йæ цард нæ сæрвæлтау æрхаста, Нæ буц сабиты авдæнтæ уызта, Нæ адæмæн рæсугъд æвзаг ныууагъта, Иæ тугæй нын «Ирон фæндыр» фыста. Ныр дæр мах йемæ фидæнмæ фæбырсæм, Зæрдæрухсæй æфсымæртау æнгом. Мæлæт дын ма уæд, дзыллæйы тырыса! Мæлæт дын ма уæд, дзыллæйы цæсгом! Зын уыдысты уæлахизы фæндæгтæ... Ирон салдат-иу карз тохы куы ’рхауд, Уæлахиз-иу куы фæцæйкодтой знæгтæ — Зæгъын ын хъуыд ирон ныхас «Къоста». Æмæ-иу слæууыд йе ’мбæлттæн сæ фар^смæ, Мæлæтыл-иу фæуæлахиз и цард, Рæстдзинады зын фæндæгтыл æй размæ Хуыдта нæ Иры стыр поэт Къоста. Къостайы цыт нæм стыр хъуыддæгтæм сиды, Къостайы номæй дзыллæ ард хæры, Къостайы туг нæ къабæзты æхсиды, Къостайы зард нæ зæрдæты цæры. Цæй размæ, уæдæ, фидæнмæ фæбырсæм, ! Зæрдæрухсæй æфсымæртау æнгом. Мæлæт дын ма уæд, дзыллæйы тырыса! Мæлæт дын ма уæд, дзылдæйы цæсгом! *** 28
СЪОСТАИЫ МЫСГÆЙÆ Арын дзы мæ ахуыргæнæг, зындгонд ирон фыссæг Арда- сенты Хадзыбатыры рухс ном Никуы вæййы базыр’джын æнусы Царды уæз æнцон хæссæн лæгæн, Алы райсом радиомæ хъусæм, Тагъд-тагъдгæнгæ аходæн хæрæм. Хаттæй-хатт кæрæдзийы фæрсæм: — Цæй куыд дæ?... — Дзæбæх... — Хæрзбон... — Салæмттæ... Газетты тæфæрфæстæ кæсæм, Уыйфæстæ та дунейы хъуыддæгтæ... Диссаг у мæ фæлтæры хъысмæт: Чи уæйыгау къæдзæхтæ рæмудзы, Чи кæны йæ улупайы мæт, Чи æнæнцой тохы арты судзы. . Цас мын ис сыгъдæгзæрдæ хæлæрттæ! Фæлæ махæй уый разындзæн лæг,— Стыр Къостайау фидæны фæлтæртæ Искæд бон кæмæ кæной хæлæг... ### 2&
КЪОЗТАЙЫ ФЫД ЛЕУАНЫ МОНОЛОГ Зилтæ скодтой кæлæнтæ мæнæн Æмæ ноджы мæ иунæг бындар’æн, Æз паддзахы фæсдзæуин кæй дæн, Уый мæ хъæбул æрдумæ нæ дары. Уымæн хинтæ кæд не скодта зин, Уæд йæ урсзачъе фыды нæ саид, Райсид афоныл унтеры цин, Стæй йæ рæстæджы штабс дæр ысуаид. Сн2ид мыггаджы намыс бякрзонд, Уайд уымæн йæ фадат йæхи бар, УыЙ та райста зæхкусæджы зонд Æмæ гутоны къухыл ныффидар. Уый та аразы æрдзы нывтæ, Ноджы ардауæн зар’джытæ зары, Тох кæй кодтон Шамилы ныхмæ, Уый мын арæх мæ цæстмæ фæдары. Ноджы райдыдта дзуæртты рох, Хицæуттимæ йæ быцæу фæкарздæр. Ехх, куы ’мбарин, цæуыл у йæ тох, Ехх, куы ’мбарин, цæуыл у йæ катай... Ау, мæ фыртæн цы нæ кæны фаг? — Уый дын хор, уый дон фос, уый — зæххытæ, Уый та райста зæхкусæджы уаг, Цыма цард у нывтæ ’мæ хæххытæй... Ныр бæр’æг у — æвæстаг фæдæн,— Ничи уздзæн нæ къонайыл авдæн, О, цы хохы зæд ралгъыста мæн,— Сау æвзалыйæ ’рхауæд уæларвæй. ^*^5>*^
РОХ ИНГÆН Ныррухс и кувæндонау Нар, Фæззыгон хурмæ цæхæртæ калдта, Цыма зыдта, кæй райгуырд ам Нæ Иры цин, нæ Иры катай. Йæ авдæны куы ’рцыди баст, Уæд ноггуырд саби дзидзи ’ркуыр’дта. Йæ мад æм къулбæрзæйæ каст, Тыхстæй йæ цæссыгтæ ныхъуырдта. Куы федта сабийы кæугæ — Йæ зæрдæ нал фæлæууыд мадæн. Йæ къух ма систа мад бæргæ, Цæмæй йын ауза йæ авдæн. Фæлæ йæ æдых цонг æрдауд, Йæ сæр цæф сæгуытау æруагъта, Йæхæдæг сидзæр уыд, ныр та... ...Ныр уый дæр сидзæрæй ныууагъта. Къостайы мадæн загътой «рухс», Туалгом кад ыскодта уымæн. Фæлæ йæ ингæны уæлхъус Нырма къæйдур’ цырт дæр нæ уынæм. Къостайы Иры дзыллæ хоны Йæ цæугæ кад, йæ ном, йæ ис. Зæххыл та иу лæг дæр нæ зоны, Йæ мады рох ингæн кæм ис. *** 31
КЪОСТАЙЫ ФАРН Йæ бæстæ чи уарзы хъæбулау, Ироны чи хоны ирон, Рæсугъд сæуæхсиды зынг хурау Уæд уымæн арфæйаг йæ ном. Ирыстон никуы уыд гадзрахат, Ызнæт митæй йæ фарн уыд хызт, Тыхы бон калд йæ туг парахат, Аланты кардæй дуне рызт. Ирыстонмæ ныр’ худы хурау Нæ ныфс — æфсымæрон Цæдис, О, хурты хур, уæддæр дæ кур-»>м, Къостайы фарн нын ма уæд ист. *** * * * Бирæтæ загътой: «У саулагъз фыдуынд». Лæппутæ хъазты «кæй чызг у?» нæ фæрсынц, Усгуртæ тигътæй йæ уатмæ нæ кæсынц, Астæумæ не ’ххæссы дзыккуты быд... Бирæтæ загътой: «Тæригъæд у тынг, Бады æдзухдæр æнкъардæй йæ уаты, Базæронд уыдзæн йæ фыды уæларты, Бамынæг уыдзæн йæ цæстыты зынг... ...Фæлæ æндæр’ хъæуæй барæг фæзынд, Мыггаджы кад æмæ номæй нæ фарста, Чызджы йæ зæрдæйы къайæн ыскарста... Чызг дæр æндæр хъæумæ моймæ фæцыд,,, 32
Усгуртæ загътой: «Нæртон рæсугъд уыд, Иннæты разæй дæр уый хъуыди курын, Не ’дылы сæртæ кæм уыдысты? — дзурынц,— Чызджы æндæр хъæумæ уадзын нæ хъуыд!» Фæлæ цы ’рцыд... уый æрцыд! *** МÆ СЫХАГ ЧЫЗГÆН Цæй фыдуаг уыдтæн! Терчы был мæ хъултæй Æз кодтон ихыл тохси хъултæ пырх, Фæлæ-иу ды куы рацыдтæ нæ цурты, Уæд-иу мæ уæнгтæн асастис сæ тых. Нæ барстон сонт ми, суцца ныхас иуæн, Мæ цахъхъæнтæн сæ фыдуагдæр уыдтæн, Фæлæ-иу ды куы загътай: «Цом нæхимæ!», Дæ фæдыл уæд сæргуыбырæй цыдтæн. Цыдис мæ цард зынтæ ’мæ цинтæ ’взаргæ, Ды мын æндæры амæттаг фæдæ, Дæ чындзæхсæвы адæм кодтой заргæ. Æз та нæхимæ сабийау — кæугæ. Æмбæрстон æй, мæ хъысмæтæй кæй цæуыс, Уæддæр ыскарстон рухс амонд дæуæн: Уæд арфæйаг, ды а зæххыл кæй цæрыс Æмæ кæй худыс дунемæ фæлмæн. *** ÆРГОМНЫХАС Цы ныфс ма бавæрйн мæхицæн, Цæмæй фæкъаддæр уа мæ маст? Нæ уарзондзинадæн æвдисæн — Уæ рагон акаци бæлас. |уток æмæ стъалытæ 33
Куы ма фембæлдыстæм йæ цуры Фæстаг хатт, загътай уæд æргом: «Мæ бинонты мын фен, æз курын, Дæу семæ базонгæ кæнон». Фæцыдтæн... Федтон уын уæ къуымтæ,— Куы нæ сæ федтаин фæлтау! Уæ царыл — хæлуарджыты тынтæ, Уæ фæсдуар — бырæтты обау. Фырæфсæрмæй нымдзаст дæн къулмæ,— Уыд ауыгъд гауызыл дæ къам, Дæумæ йæ сау цæстытæй зулмæ Æрдæгбæгънæгæй каст Тарзан... Æмæ дæ бæсты уым ныссырх дæн. Уæвгæ та чи уыди æнхъæл, Ды уынгмæ иу хуызы кæй цыдтæ, Кæй уыдтæ хæдзары æндæр? Дæ фыд æваст фæтыхст цæмæйдæр, Дæ хъусы дын цыдæр дзырдта, Ыстæй мæ бафарста, кæмæй дæн, Кæм кусын, цас исын æхца, Мæ зонгæтæй, мæ хæстæджытæй Ыстыр! бынаты исчи ис?.. Ныккаст мæм бирæгъы цæстытæй, Æвиппайды куыддæр фæцис, Æз ын сæрыстырæй куы загътон (Цæмæй йын фенад уа мæ фенд), Мæ фыд мæнæн кæй у колхозон, Æз та — æнæхæдзар поэт.
Фæстиат кодтон æз дæу тыххæй. Зæгъын, нæ разындзæн мæнгард, Мæ бæсты сдзурдзæни йæ ныхмæ... Фæлæ лæууыдтæ ды æнцад. Æз ма цы загътаин уæд хъуамæ? Цы риссын кодтаин мæ сæр?.. Уым хъуыд сатир’æйы цыргъ хъама! Уым хъуыд поэтикон цæхæр! *** ДЫ МЫН ДЗЫРДТАИ Т. Зумакуловайæ Ды мын дзырдтай, кæй дæн дæ уд, дæ цæст, Ды мын дзырдтай, мæ номæй ард кæй хæрыс, Уæдæ ныр ды æнæ удæй куыд цæрыс, Гъеуый ма мын куы зæгъис ды æххæст. Ды мын дзырдтай: — «Æрмæстдæр мæм фæсид, Æмæ дæ фæстæ сау ингæнмæ уайын». Мæ риуы та дæ рæсугъд сурæт тайы, Куыд тайы уалдзæг хуры хъарммæ мит. Ды мын дзырдтай: —- «Мæ къона дæ7 мæ арт — Æмæ мæ фенд кæй рухс кæны дæ зæрдæ». Уæд ныр куыд арыс талынджы фæндæгтæ, Æнæ къона куыд æрвитыс дæ цард? Ды мын дзырдтай: — «Æз цалынмæ цæрон, Уæдмæ ды маст нæ фендзынæ, мæ къона». Уæдæ мæ уд ныр чи кæны тыхтона, Мæнæн мæ артыл чи ауагъта дон? Ды мын дзырдтай: — «Хæрын дын зæххæй ард Кæй уарздзынæн æрмæстдæр’ дæу æнусмæ, Кæй цæрдзынæн æрмæст дæ цæсты рухсмæ»... Уæд ныр куыд у æнæ рухсæй дæ цард?! ***
* * * Фæндараст. Хорз амонд ыссар. Мæ зæрдæ мын цырагъау ахæсс. Кæд дын ис мард æмæ дзуар, Уæд мæм æлхынцъæрфыгæй ма кæс. Æмбарын æз, дæуæн у зын, Æз дæр мæ фырхъалæй нæ дзурын... Нæ уарзт дæм касти кæд фыдфын, Уæддæр мæн ма райхъал кæн, курын. Кæд дын ыскодтон искуы маст, Уæддæр мæм абон азым ма хæсс. Кæнæ нæу махæй чидæр раст, Кæнæ дæ дыууæйы у аххос... *%* ИРОН САЛДАТЫ ПИСМО ЙÆ ХОМÆ (Цикл «Уырыссаг бæрзытæй») Æз цæрын уырыссаг горæт Энны, Ме службæ фæхæццæ ис кæронмæ, Ехх, куыд фæнды мæн нæ хæхтæ фенын, Ехх, куыд фæнды дзурын мæн иронау... ...Фæлæ мæ мæ къах нæ хæссы, баууæнд, Ме ’мхуызон сыгъдæгзæр’дæ хæлæрттæй. Тынг цæуынц мæ зæрдæмæ сæ адæм, Тынг фæцыд мæ зæрдæмæ сæ бæстæ. Нæй фæлывд, гæды митæ сæ уаджы, Уарзынц — уæд æнувыд æмæ ’ргомæй. Кæд нæ фæуай сау рæсугъдæн адджын -* Райгæ рау уæд дæ кад, дæ номæй. " ’ -г
Дзаг фынгтыл нæ агурынц рæстдзинад, Агурынц æй туг æмæ зæрдæйæ, Не ’мбæхсынц сæ маст æмæ сæ цинад, Гъе, æрмæст нæ зарынц ам «уæрæйдæ»... Сусæгæй ирæд нæ домынц махау, Чегърейæн лæгъстæ нæ кæнынц хъазты. Раст куы нæ уай, уæд дыууæ дæр ахау, Гъе, уæддæр’ дæ ничи зæгъдзæн «раст дæ». Ма ’хсайæд, мæ кæстæр хо, дæ зæрдæ... Гъе, æрмæст, куыд дын зæгъон? Ныббар мын... Улæфт нын куы фæдæттынц æрæгмæ — Иу æнæнтыст уæд йæхи фæмары... Иудзырдæй, аивæй зæгъ нæхимæ, Ма ыстыхсæд, ма бацæуæд хæсты... ...У æрмæст нæ сикъо гал тæригъæд Æмæ йæ ныхъхъæбыс кæн мæ бæсты... ##* ФЫДÆЛТЫ ТЪДАУ Иу лæгæн дыууæ хъæбулы цард... Дыууæйы дæр бавæрдта æдзардæй; Хистæр хæсты кадимæ фæмард, Кæстæр лæппу — худинаджы мар’дæй. Хистæрыл куы кодтой дзыллæ хъыг,— Цас зæрдæтæ уый фæкодта риссын! Зæронд лæгæй не ’рхауди цæссыг, Æмæ дзыллæ бацыдысты дисы. Кæстæр фыртыл хъарæг кодта уыг, Бирæ адæм не ’рбадти йæ хисты. 37
Цас ныккалдта зæронд лæг цæссыг!.. Дзыллæ ноДжы бацыдысты дисы... Сахъ фыдæлтæм хорз æгъдæуттæ уыд, Иутæ нын дзы — абон дæр фæзминаг, Хъуамæ скæуой буц ныййарæг, фыд ’Рмæстдæр ууыл, чи вæййы кæуинаг. *## СÆРИБАРЫ ЗАРÆГ Фæмарди мæгуыр лæджы кардæй Сæрибарыл тохы мæнгард лæг. Æмæ йыл Ирыстоны хъалтæ Ыскодтой хъæбатыры зарæг. Ысбадтысты уыдон сæ бæхтыл Æмæ йæ хъæуи-хъæу фæхастой, Фæлæ сын нæ бæрзонд урс хæхты Нæ дзыллæ сæ зарæг нæ айстой. Уæд сфæнд кодтой хъалтæ мæнгардæй, Цы хъæуы нæ зарой сæ зарæг, - Уый бафхæрын топп æмæ кардæй, Куыд райхъуыса уырдыгæй хъаржг. Нæ райхъуыст ирон хъæутæй хъарæг, Гæнæн сын куы нал уыд, уæд иумæ Ирон дзыллæ сарæзтой зарæг, Йæ и-лæ-лæй хъуысти Хъæриумæ. Æгомыг къæдзæхтæм дæр хъардта, Мæнгард лæджы худинаг кодта, Цы мæгуыр зæронд æй ныммардта, Уый зарæджы сæйр’аг ыскодта. 38
Цы мæгуыр æй амардта кардæй, Уый сидти сæрибарыл тохмæ. Фырмæстæй Ирыстоны хъалтæ Цæф æрсытау кодтой уæд богътæ. Ысфæнд кодтой уыдон мæнгардæй, Цы хъæуы ма азарой зарæг, Уый бафхæрын топп æмæ кардæй, Куыд райхъуыса уырдыгæй хъар’æг. Цы ран-иу фæзындысты, уым-иу Фæхъус ысты зарæджы зæлтæ. Ыстæй-иу æндæр ран ыстынг и,— Хъырныдтой йын хæхтæ ’мæ кæмттæ. Ыстыхстысты зарæгæй хъалтæ, Ыстыхстысты, туг сыл æруарыд. Сырхбазыр Сæрибары зар’æг Æнæхъæн Ирыстон куы зарыд. *** РОЗÆ ÆМÆ ХÆРÆГСЬШДЗ ...Æцæгæлон зæххыл, Йæ бæстæйæ дард, Мангойлаг тыхгæнæг Даргъ-Къохы фæмард. Йæ нарæг цæстытæ Ныццавта Хъæриумæ, Йæ бур-бурид къухтæ Нылхъывта йæ риумæ. Æрбацыд тыхгæнæг Æндæр бæстæй, дар’дæй, 39
Йæ мæлæт ыссардта Ирон лæджы кардæй. Бæргæ ма фæцæуид Фæстæмæ сæхимæ, Æцæгæлон зæхх æй Нæ исы йæхимæ, Нæ йын ис Ирыстоны Дзыхъхъы бынат, Йæ зæрдæйы уæлæ Хæрæгсындз æрзад. Йæ хъуынджын пехцел сæр Ныттилы фырмæстæй, Нæ бæрзонд хæхтæм нын Ыскæсы сындз цæстæй... ...Æцæгæлон зæххыл, Йæ бæстæйæ дард, Мангойлаг тыхгæнæг, Даргъ-Къохы фæмард. Йæ фарсмæ фыдыбæсты Адджын хъæбысы Алайнаг лæппулæг Æнусмæ æрхуыссыд. Æрхуыссыд фæлладæй, Æрхуыссыд дæлгоммæ, Йæ рæзгæ къабæзтæ Нæ кæсынц йæ коммæ. Æндæр ам нæ хуыссид Æдыхстау, æнцад, Кæсы йæм æнхъæлмæ Йæ ныййарæг мад.
Кæсынц æм æнхъæлмæ Йæ уарзон хæхбæстæ, Йæ ысхъæлфындз цæвæг, Йæ цъæх-цъæхид фæзтæ. Æрфынæй æнусмæ Алайнаг салдат, Йæ рæзгæ зæрдæйыл Сырх уарди æрзад. Нæ Райгуырæн бæстыл Зынгцæстæй фæлгæсы, Йæ улæфт ын уадымс Нæ фæзтæм фæхæссы. АЛАНТЫ САУДАРÆГ ЧЫЗДЖЫТÆ Алантæн сæ паддзах уыд цытуарзаг, Ноджы уыд зынæрвæссон, фыд-зæрдæ, Тохтæ кодтой бонæй-бонмæ карздæр, Алантæ та —- бонæй-бон куынæгдæр. Паддзах иубон фидиуæгæн загъта: «Мауал лæуу хæлиудзыхæй ды уынджы! Фсхъусын кæн, алчидæр куыд радта Æфсадмæ йæ хо кæнæ йæ чызджы! Сахуыр кæнæд уыдон уартæй, кардæй, Лæппутæй куыд нæ ’хсой фат æвзæрдæр. Исчи ныл куы рацæуа мæнгардæй — уайтагъддæр сын акъуырут сæ сæртæ!..» ...Сарæхстысты саурæсугъдтæ бæхтыл, Цъиуы цæст нæ ивгъуыдтой сæ фæттæй,
Гъе, æрмæст нæ цыдысты сæ уæнгтыЛ Цер’ечы ызгъæрæй конд хæдæттæ. Паддзах смæсты, бирæгъау нынниудта: «Уе ’ппæтæн дæр сласдзынæн уæ удтæ! Ралыг кæнут чызджытæн сæ риутæ! Акъуырут сæ сау хъуымбыл дзыккутæ!» Паддзахмæ йæ чызджы алчи ласта, Галуанты сæ къæйдуртыл æппæрстой, Сæркъуырæг йæ хъама дурыл даудта, Зæрæдтæ сывæллæттау дзынæзтой. Сæркъуырæг-иу зæды хуызæн чызджы Кусæрттагау ракодта йæ быны. Паддзах бацыд дисы æмæ хъыджы: Иуы дæр дзы схъæрзгæ уый нæ уыны. ч Иу дæр дзы «ныххатыр кæн» нæ куырдта, Не ’рхастой лæгъстæ кæнын сæ сæрмæ, 'Рмæст-иу сын сæ дзыккутæ куы къуырдтой,— Цæссыгтæ ызгъæлдысты гæр-гæрæй... Скуывтой-иу сæхинымæр хуыцаумæ: «Не скæнæг, бынтон рæстæй куы мæлæм, Кæд дæумæ нæ тæригъæд нæ хъары, Кæд куырм бадæ, уæд æрхау дæлæмæ!..» Чызджытæм уæззау хотыхтæ радтой, Дугъæттыл сæ арвыстой фыдхæстмæ. .; Тахтысты-иу æфсæдтæн сæ разæй, Здæхтысты-иу æфсæдтæн сæ фæстæ. Рæстæг згъордта. Алантæ сæ кардæй Сау денджызмæ айгæрстой фæндæгтæ, Чи ауæрста чызджытæй йæ цардыл? Чи лæууыд сæ цирхъы ныхмæ знæгтæй? 42
Ссыгъди-иу сæ риуты арт — дывыдон, Чи йæ зоны, цас зынтæн фæрæзтой? Тохæй-иу дзы чи раздæхти, уыдон Сабитау сæ хъысмæтыл дзынæзтой. Скуывтой-иу сæхинымæр хуыцаумæ: «Не сфæлдисæг, афтæмæй куыд цæрæм? Кæд дæумæ нæ тæригъæд нæ хъары, Кæд куырм бадæ, уæд æрхау дæлæмæ!», *** ÆНÆНТЫСТ ЧЫЗГ Алантæн сæ паддзах Карз тохæй фæстæмæ Иу уалдзæг ыздæхти Райгуырæн бæстæмæ. Хуры хъарммæ хæхты Райхъал ысты дæттæ, Рабырстой фæдисы Арф æнусон кæмттæй. Базмæлыд Уæлладжыр, Паддзахæн йæ размæ Рацыдысты дзыллæ Нузалы ныхасмæ. Паддзах уыд хæствæллад, Арф комы æрæнцад. Иууылдæр ын кувынц, Цыма уыд сæ хуыцау. Зоныгыл ын кодтой Хистæрæй, кæстæрæй. 43
Фæлæ йын нæ куывта Иу рæсугъд йæ сæрæй. Уыцы чызг — æнæнтыст — Паддзахмæ нæ касти,— Йе ’фсæддонтæй иумæ Аивæй нымдзаст и. Лæппу уыд бæзæрхыг, Уыд цæрдхуыз мæцкъуыйау, Бæх йæ быны кафыд Урс-пуси цæкуыйау. Бахудт чызг йæ мидбыл, Лæппу дæр фæджих и... Алантæн сæ паддзах Адаудта йæ р’ихи: — Уый кæй чызг у уæртæ? — Бафарста Цæразон, Йе ’ххуырстмæ фæдзырдта: «Ацу ’мæ йæ базон». Базыдтой йæ уайтагъд Паддзахы дæлбартæ: — Чызджы ныййарджытæ Сты дæуæн цагъартæ, Де стыр цытæн кувын Хъал чызджы нæ фæнды, Де ’ххуырстмæ кæсын дæр Сау цагъар куыд уæнды?.. — Акæнут æй иуварс, Ма лæууæд мæ разы! (Паддзахæн хъыг уыдис, Чызг цагъар кæй разынд). 44
’Ндæр’ уый хорз уыдаид Уымæн хъазæн хъулæн, Диссаджы хорз уаид Уыцы чызг хæзгулæн... Батагъд кодта паддзах: — Цом, зынаргъ у рæстæг... Бафардæг и рæсугъд Арф комы сæ фæстæ. Нузалы тъæпæны — Паддзахæн йæ бадæн. Рагуылф кодтой уырдæм Алы кæмттæй адæм. Бон фæкъул. Ыстынг и Куывд, нæртон куывд, цинтæ. Рæгъытыл ызгъордтой Дзаг нуазæнтæ минтæй. Дзыллæйыл фæлгæсы Аивæй Дæразон,. Хæрд æмæ ныуæзтæн У тыхджын, фæразон. Æмæ та йæ цурты Уыцы чызг фæраст и, Уарзон цæстæнгасæй Æфсæддонмæ касти. Смæсты ис Цæразон, Рæсугъдмæ фæдзыр’дта: — Зæгъ, Уыналæй ардæм Ды цæмæн фæцыдтæ? Комкоммæ куыд уæндыс Ме ’ххуырстмæ кæсын дæр?
Ау, æфсарм дæм нал ис? — Сау цагъар, фæрсын дæ! — Ма мæсты кæн, паддзах, Æз дæумæ нæ кæсын, •Стæй мæнæн цы ’мбæлы, Уымæй дæ нæ фæрсын. Де ’фсæддоны уарзын, Кувын ын мæ сæрæй... Паддзах фестад рогдæр Сойылвых къæбæрæй. — Афтæ мæм куыд уæндыс Ды, къæйных {дагъайраг! Раласут-ма тагъддæр Бæхдонæй мæ байраг. Бабæттут æй тагъддæр Байр’аджы къæдзилмæ, Ахæм налат хъуамæ Мауал уа нæ Ирмæ... Саурæсугъд нæ кæны Паддзахмæ кæсгæ дæр. Батахтис бæлонау Лæппумæ хæстæгдæр: — Адæмы цæсты дæ Кæд, миййаг, æфтауын? — Мæн фæнды дæ къухæй Сау мæлæт ыссарын. Иу дзырд ма ыскодта: — Цæй, хæрзбонтæ рау! Дзыллæ бацыд дисы: «Кæд, миййаг, æрра у?» 46
Паддзахы маст рафыхт Йе ’фсæддонмæ дзуры: — Мауал кæн фæстиат, Амар æй мæ цуры! Паддзахы æфсæддон Абадти йæ бæхыл, Бæх йæ къæхтæ ’рхоста Удисæгау зæххыл. Бæх йæ къæхтæй ’ркафыд Рæсугъдæн йæ риуыл, Чызг хæрдмæ ыскасти, Бахудти йæ мидбыл... Лæппу уайтагъд чызджы Фелвæста йæ саргъмæ, Фесхуыста йæ саулох Къасарайы рагъмæ. Иу каст ма ныккодта Сæрсæфæнæй коммæ, Стæй цæргæсау атахт, Уый æд саулох донмæ. Ивылд уыд Æрыдон, Абухта, хъæрзыдта, Раст цыма æмбæрста Дзыллæйæн сæ зынтæ. Иууылдæр мæрдджынау Куывддзаутæ уыдысты, Паддзах сын цъыфкъахæй Бацыди сæ рыстыл, Схъæр кодта: — Цы ’рЦыди? Гъе, цы ис уæ зæрды?
Кафут, зарут, хъазут, Рахæссут-ма фæндыр! Фæндырдзæгъдæг кувы Паддзахæн йæ сæрæй, Цæссыгтæ та згъорынц Уадултыл гæр-гæрæй. Паддзахæн йæ фыдæх Дзыллæйæ кæй хъæуы? Иууылдæр ныззарынц, Фæндыр та ныккæуы. Фæндыр та дзыназы, Паддзахмæ нæ хъусы, Уый кæны йæ хъарæг Сагъæссаг æнусыл... *** АЛАИНАГ ФÆЙНÆГФАРС ЛÆППУТÆ Алайнаг паддзахмæ хъæргæнæг Æрбацыд Ногъайы бæстæй: — 0, куржм, фæу нын хæрзгæнæг, Æрбабырстойтæтæр нæ фæзтæм! Æххуысæн нын рарвит æфсæдтæ, Ды рагæй дæр махæн нæ фарс дæ, Дæ хъаруйыл дарæм нæ зæрдæ... Æрвитæм дын бирæ алмазтæ». Уæд паддзах йæ мидбылты бахудт, Иæ урс-урсид зачъе æрдаудта,— Фæкъул и йæ мор’æ сæгъдзарм худ, Йæ æфсады хицауæн загъта: 48
«Тагъд Ногъайæн арвит æххуысæя Фынддæс мин хъæбатыр хæстоны! Тагъд уат мын, мæ цагъар,— æрхуыссон, Фырнызтæй мæ тæрных фæтоны». Фынæй æфсон бацыд йæ уатмæ, Фæйнæрдæм ныппырх кодта базтæ, Йæхæдæг хуыснæгау нымадта Ногъайаг æрттиваг налмастæ. Къуыри дæр нæма рацыд, афтæ Æрбарвыстой тæтæры хантæ: «Æххуысмæ та сидæм сымахмæ, Нæ зынаргъ, нæ уарзон алантæ. Хъæуы нæ æд бæхтæ, æд сæргътæ Фынддæс мин хъæбатыр хæстоны...» Дыууадæс хæрæджы æд уæргътæ Æрбацыди Аланты комыл, Æрбахастой бирæ хæзнатæ, Æрбахастой бирæ сызгъæрин... Аланты паддзахæн йæ уаты Фырцинæй йæ зæрдæ нывзæр и. (Фæкасти йæм, цыма фын уыны), Йæ æфсады хицауæн загъта, Фынддæс мин хъæбатыр бæхджыны Уый тÆтæры хантæн куыд р’адта. ...Хæст бацайдагъ кард æмæ уартæй Асыйы æгæрон цъæх фæзы. Ногъай æмæ тæтæры хантæн Хæцыдысты Ир уым сæ бæсты. Нæ сæ раздæхт иунæг дæр тохæй, Асыйы лæгъз байдзаг и мæрдтæй,
Æрмæст дзы нæ уыдысты Ногъай, Æрмæст дзы нæ уыдысты тæтæр. Дæлгæмттæй хуыссыдысты зæххыл Фæйнæгфарс алайнаг лæппутæ. Паддзахы æрттиваг налмастыл Нывондæн æрхастой сæ удтæ. *** ЗÆРОНД ХÆСТОН Уæлахизæй та раздæхтысты тохæй Ир’он фæсивæд — Уастырджи сæ фарс уыд. Сæ цъæхснаг зарæг райхъуыст хъæды къохæй, ...Ныддæлгом кодта иу хæстон йæ арцыл. Ныддæлгом кодта иу хæстон йæ арцыл, Куыдта хæкъуырццæй йе ’намонд хъысмæтыл: Уæууæй! Ныр ыл дыууиссæдз азы рацыд, Фæлæ уæддæр нæ хæст кæны мæлæтыл. 0, худинаг^ Цы ис цымæ æгаддæр, Алайнаг лæг куы фæцæра зæрондмæ: Йæ лæгдзинад, йæ ныфс куы кæной къаддæр, Йæ урс хилтыл куы æфта бонæй-бонмæ. Йæ сау туг уый куы нæ ныккала хæсты, Уæд сывæллæттæн хъазæнхъул уыдзæнис, Æдзух уыдзæн йæ кæстæртæй къæмдзæстыг Æмæ мæрдты дыууæ мар’ды кæндзæнис. 0, цал фыдгулы амардта йæ кардæй, О, цал саулохы бабын ис йæ быны! Иæ æмгæрттæ фæцагъд ысты æдзардæй, Фæлæ уæддæр йæ удхæссæг нæ зыны... 50
Уæлахизæй та раздæхтысты тохæй Ирон фæсивæд — Уастырджи сæ фарс уыд, Сæ цъæхснаг зард æваст фæхъус и къохы,— Æнусмæ ’рдæлгом иу хæстон йæ арцыл. *** ХÆРЗБОН, ХÆХТÆ! Хæрзбон, нæ хæхтæ, кувын уын мæ сæрæй, Уæ дзигло уæм кæй бауæндыд,— ныббарут! Æз ахызтæн Фыдыбæсты къæсæр’æй, Мæ балцы фæндаг тынг зын æмæ даргъ у. Мæ фæндаг у Европæйы цъæх фæзты, Нæ фыдæлтæ кæм ацыдысты тохты, Кæм ыскуынæг сæ бирæ цот фыдхæсты, Кæм сæмбæлдысты маст æмæ фыдохыл. Зæгъут-ма мын, Европæйы быдыртæ, Нæ ферох кодтат алантæн сæ сурæт? Цы ран ысты сæ æнæном цыртытæ, Кæм ацыди цæф сæгуытау сæ тугвæд? Кæм ныккалдта алайнаг мад йæ цæссыг Йæ хъæбулыл, йæ иунæгыл кæугæйæ? Цы ран ныккалдис алантыл сæ мæсыг, Цы ма сдзырдта фæстаг алан мæлгæйæ? Æвæццæгæн ма загътаид уый: «Хæхтæ...» Æвæццæгæн ма сфæрæзта: «Ирыстон...» Ыстæй æрхаудта тулдз бæласау зæхмæ, Йæ домбай зжрдæ банцади йæ куыстæй... 51
...Ныхъхъус ысты Европæиы быдыртæ, Ныхъхъус ысты, цыма кæнынц тæфæрфæс. Цымæ цы фесты аланты цыртытæ, Цымæ кæм бамыр алантæн сæ къæлæс?.. *** ПОЭТЫ МÆЛÆТ Фыццаг ирон поэт Мамсыра Темырболатæн Уый раджы уыд. Паддзахы инæлар Нæ дзыллæйæн дзырдта; «Цæут мæ фæстæ, Нæ мæгуыр сæртæ нал ысты нæ бар Æмæ сæ Туркмæ кадимæ фæхæссæм!» - Нæ йын æмбæрстой бирæтæ йæ фæнд, Цæмæ сидти, цы йæ хъуыди, цы куырдта... Куы ницы уад йæ хъал ныхæстæй, уæд Йæ хæрæфыртмæ инæлар’ фæдзырдта: Йæ хæрæфырты нал ахста хуыссæг, Уырныдта йæ: ис фервæзæн зын цардæй, Фырцинæй лæппу фестади фыссæг Æмæ ныффыста боныцъæхтæм зарæг: «Стамбулмæ цæудзыстæм, Урс дæллагхъуыр кæндзыстæм, •Сырх мæнæу дзы хæрдзыстæм, Сырх уадул дзы кæндзыстæм!..» Нынкъуысыд Ир, хъæуи-хъæу згъордта зард, Кæйдæр бæстæм хуыздæр амондмæ сидти, Нæ мæгуыртæ сæ сæртæ сæфтой дард, Куыдта сæ фæдыл Иры урссæр цъити.
Куыдта сæ фæдыл Иры сау къæдзæх, Йæ ниуынæй æнæнцой Терк ныффæсус, Сæ быны сыгъд зындоны артау зæхх, Сæ сæрмæ аръ фырдиссагæй ныффæлурс... Куы базыдта султаны инæлар,— Йæ хæрæфырт кæны мæрдджынау катай, Уæд ын асламæй балхæдта хæдзар, Йæ зæххытæй йын иу гæппæл дæр радта. Фæлæ фыссæгæн дзыллæйы хъысмæт У дунейыл æппæтæй дæр зынаргъдæр, Нæ фæкъаддæр ис поэтæн йæ мæт, Æрмæст йæ цард дыууæ хатты фæкъаддæр. Нæ дзыллæйæн йæ сагъæстæ, йæ рис Цæссыгкалгæ йæ сыр* тугæй фæфыста, Иæ инæлар ын туджджынау ыссис, Иæ фыдæлгъыст та паддзахæн æрвыста. Куы бамбæрста — йæ бонтæ сты нымад, Уæд рацæйлыгъд Ирыстонмæ рынчынæй, Æрдæгвæндагыл аскъуыди йæ цард, Кæйдæр бæстыл, кæйдæр зæххыл æрфынæй. Йæ цæссыгтæ йын федта ’рмæстдæр хур, Йæ фæстаг улæфт гоби хæхтæ хъуыстой. ...Йæ къухы уыд ирон сыджыты мур, Йæ дæрзæг былтыл бандзыг ис: «Ирыстон...» ### УАЗДЖЫТÆ Ихсыд къул... Цæджындзтæ... Дзалайæ ’мбæрзт цар — Индийаг зæхкусæг Наргисы хæдзар. 53
Бинонтæ кæдæмдæр Рæвдз кæнынц сæхи, Мад æхсы бызгъуыртæ, Ныхыл уайы хид. Фыд, мæгуыр, фæлладæй Зилы къухгуырой, Сывæллæттæ къуымы Нал кæнынц æнцой... Баййардтой сæ фыды: — Радзур-ма нын, цæй, Чи æрцæудзæн райсом Делимæ, æццæй? Фыд йæ куыст фæуагъта: — Нал уæ у мæ бон, Ма кæнут хъæлæба, Æмæ уын зæгъон!.. Делимæ æртæхдзæн Кадджын уазджытæ,— Ленины хъæбултæ, Ленины фырттæ. Уазджытæ куы ’рцæуой Махмæ дæр, миййаг... Ма тонут кæр’æдзи! Ма кæнут фыдуаг! Райсом мах сæ размæ Фæндагмæ цæуæм, Азилæм нæ куырой, Еуу ыссад фæуæм... Сабитæ сæ фыдæй Нал исынц сæ цæст: 54
— Радзур-ма нын ноджь!, Радзур нын æххæст... — Афон у хуыссынæн,— Дзуры сæм гыцци. Кæстæр лæппу Джани Сагъæстыл фæци: «Ленинæй фæдзурынц, Хохы йас лæг уыд, Ницы у йæ цуры Аргъауы уæйыг. Æмæ кæд ныр Ленин Асæй у къæдзæх, Уæд йæ фыртты уымæн Бауромдзæн зæхх? Се уазæг кæнынæн Стыр агъуыст хъæуы, Махæн та нæ къæсы Лæг тыххæй цæуы. Æз ыстыр куы уаин,— Саразин хæдзар, Уалæ ар’вы риуыл Сæнцаид йæ цар. Уазджыты æрхонин, Фæлæ нæу мæ бон...» •Сабийæн йæ зæрдæ Суынгæг и бынтон. Баталынг ис... Хъæдæй Зымты ’хситт цæуы, Маймули ныххуды, Джани та кæуы... 55
* * * Райсом раджы хъæуыл Хур нæма ыскаст,— Фыд йæ бинонтимæ Горæтмæ фæраст. Сосайæн йæ фæрсты Базмæлæн нæ уыд, Уыйбæрц дзыллæ ардæм Никуыма æрцыд. Фæндагыл фæзынди Машинæты къорд... Уазджытæм тындзыдтой... Бæстæ сси ызгъорд... Джанй дисы бацыд, Фæндагмæ нымдзаст: «Уæйгуыты» фæзындмæ Уый æнхъæлмæ каст. Базгъордта йæ фыдмæ: — Ницы мæм зыны, Сæргъæв мæ дæ уæхскмæ... Гъер сæ хор’з уынын... Уазджытæ фæцæуынц Дзыллæйы рæзты. Джани дзуры: — Уыдон Индийæгтæ сты, Уæртæ саулагъз, саухил Раст дæ хуызæн у, Рахиз къух нæм тилы, Систа нын йæ худ». 56
Фыд ныббуц йæхицæй, Бахудти фæлмæн, Нал æй уадзы Джани: «Ахон сæ хъæмæ!» Фыд йæ бинонтимæ Дард балцæй цæуы... Саби хъазы, худы, Маймули кæуы... БАЛЛАДÆ АРАББАГ САБИЙЫЛ Хъæзæй конд лыстæнмæ Дыдзы хур кæсы, Æнахъом сывæллон Рынчынæй хъæрзы. Фыртыхстæй йæ цæссыг Йæ уадултыл калд, Иæ фарсмæ нæ бадынц Йæ хотæ, йæ мад. Æрбайхъуысы уынгæй Йæ æмгæртты худт, Уæлæмæ ыстыныл Куы хъары йæ уд. Фæлæ йæ кæм уадзы Æнæхатыр низ. Цагъайраджы рæстæг... Фыдæнусы рис... Æнахъом сывæллон .Æнкъардæй кæсы, 57
Йæ комкоммæ теуа Рынчынæй хуыссы. Æнæхъæн бинонтæн Сæ дарæг, сæ фос, Йæ цуры — банантæ, Кокостæ, цъæх хос. Æнæхъæн бинонтæ Нæ кæнынц фынæй, Куы нæ сыста теуа,— Мæлдзысты сыдæй. Æрбайрох сæ рынчын — Сæ мадызæнæг... Æрмæстдæр сæ теуа, Сæ теуа цæрæд. Фыд кувы хуыцаумæ, Кæны йын лæгъстæ: «О, ма нæ бабын кæн, Мах курæм, рæстæй! Уæд де уазæг теуа — Нæ дарæг, нæ хур. Уæд де уаэæг ноджы Мæ чысыл хъæбул. Сæ дыууæйæ иуы Куы равзарай, уæд — Мæ сабийы бæсты Мæ теуа цæрæд!» ...Хуыцаумæ кæм хъуысы Мæгуыр лæджы куывд? Æрбамардис теуа, Фæфыддæр ис; фырт. 58
Фыд ниуы, дзыназы, Мад хойы йæ сæр, Æгас хъæуыл хъуысы Сæ сабиты хъæр. Сæ хуызæн мæгуыртæ Сæ кæртмæ цæуынц, Сæ уæззау зианæн Тæфæрфæс кæнынц. Æрмæстдæр сæ сыхаг Нæ кæны æнкъард, Æхсызгон у уымæн Сæ теуайы мард. Хъæздыг лæг — фыд-зæр’дæ Йæ мидбылты худт, йæхинымæр дзуры: «0, сар мын уæ уд, Сымахыл хæрæгау Кæндзынæн фыркуыст, Уæ хистæр лæппу мын Уыдзæнис æххуырст. Уæ чызг мын уыдзæнис Фæндзæм ус, уæллæй...» Фырцинæй ныззары, Ныххуды хъæрæй. ...Хъæзæй конд лыстæнмæ Фæлурс мæй кæсы, Æнахъом сывæллон Æнусмæ хуыссы. Ыскодтой йын уайтагъд Чъырдурæй зæппадз, 59
Фæлмæн у йæ хуыссæн — Мысыры цъæх фæз. Цæуылнæ йыл кæуы Йæ райгуырæн хъæу? Æви уый йæ саби, Йæ буц хъæбул нæу? Æрмæстдæр’ æй мысы Йæ ныййарæг мад, Йæ æххормаг хотæ, Йæ чысыл æмгар, Кæй быны:иу хъазыд — Рæхснæг кипарис... ...Цагъайраджы рæстæг, Фыдæнусы рис... *** ЦАВДДУР (Даниаг легендæ) Копенгаген. Ыстыр цырт фæзы. Ус цыппар галæй хуым кæны. Иу мæгуыргур дæрддзæф лæууы Æмæ тарстхуызæй цыртмæ кæсы. Дис кæнæм мах, фæрсæм æй иумæ: 64
— Зæгъ, цæмæн калыс ды цæссыг? — Ме ’мбæстæгтæ фыццаг тугцъирæн Ацы фæзы ыскодтой цырт. Цас бахардз кодтой ууыл минтæ! Мæгуыртæн та нæ радтой мур, 0, куы зониккат уымæн йæ митæ, Уæд ыл алчидæр фехсид дур!.. ...Уый уыд раджы. Хуыцаумæ бацыд Иу бонджын ус, зæгъынц, хъæстмæ: — Не сфæлдисæг, 0, ратт мын алцы, Стæй мæ хъуыддæгтæ уадз рæстмæ! Ды мæ бинонты хиз фыдрынæй, Ратт сын ноджы хуымзæхх фылдæр. Мах æнæ дæуæн скувгæ нæ дзыхмæ Никуы схастам нырма къæбæр. Уыд ыстыр хуыцау бонджынтæм хъусаг, Рæсугъд сылтæм æмхиц уыдис, Æмæ сныв кодта уыцы усæн: Уый куыд никуы хъыгдара низ. 63
Уæд йæ хæдзар хъæздыг, æнгузау, Уæд йæ фадат æдзух йæ бар, Иу æхсæвмæ цы зæхх бакуса, Уыцы зæхх ын фæуæд лæвар. Ус ыскатай хуыцауы дзырдтыл, Нал бакодта уæларв фысым. Уыцы æхсæв йæ цыппар фырты Нал бауагъта минут хуыссын. Нал ауæрста йæ гал, йæ бæхыл, Лæппутæн та фæци фыддæр. Цас фылдæр-иу æфтыд йæ зæххыл, Уыйас ноджы уыдис зыддæр. Æмæ скуывта хуыцаумæ афтæ: — Уæнт мæ хуртæ дæуæн нывонд, Ацы ’хсæв сæ фестын кæн галтæ, Кæд æрцæуид фылдæр зæхх хуымгонд... Фехъуыст усæн йæ куывд уæларвмæ, Æмæ загъта хуыцау, цæмæй Уыцы лæппутæ фестой галтæ:
— Ахсæв бонмæ хуым кæн фæрнæй, Хур куы скæса, уæд ма куы кусай, Уыдон баззайæнт галтæй уæд. Ус ныхъхъæр кодта: — Тъæйтт, мæ хуртæ! Размæ абырста галты цæд. Хурыскастмæ фырхæст, фыртыхстæй Галты сау хид лæсæнтæй уад, Фæллад галтæн фырнад, фыргуыстæй Се стыр цæстыты туг ныббадт. Фæллад галтæ зæрдæхалæн «’ммуйæ» Ехсы судзаг цæфтæй куыдтой, Карз, Тæригъæддаг карз æмбуйæ «Мауал нæ мар, нана»,— дзырдтой. Фæлæ мадмæ уæддæр фыр^зыдæй Уыдон богътж нæ хъардтой мур, Бонырæфтæм сæ тæригъæдæй Арвы астæу ныллæууыд хур. Æмæ фехъуыст æваст гæрæхтæ, 6*
Дуне сау ингæнау ныттар. Мигъы фæлмы хъæрзыдтой хæхтæ, Ставд цæссыгæй ныккуыдта арв, Стæй йæ судзгæ цæхæртæ фехста, Æмæ зæххыл фæцыд сæ дзæхст, Ус йæ галтимæ цавддур фестад. Арвыл нал фæзынд хуры цæст. *** ЗÆХХОН ДЗÆНÆТ Ыссыгъдысты-иу рекламæтæ минтæй Æмæ дзырдтой: «Æгас цæуæд Пар’иж!» Ис дунейыл рæсугъд горæттæ бирæ, Фæлæ дзы уымæй аивдæр кæм ис. Лæууыдтæн æз рæсугъд Сенæйы донбыл, Æваст мæм сдзырдта сауцæст чызг: «Бон суар», Ыстæй мын уайтагъд ахæцыд мæ цонгыл, Цыма уыдис мæ уарзондæр æмгар. Ныфсæрмы дæн. Æмæ уæд уый фæрæвдз и,— Йæ мидбылты мæм бахудти фæлмæн: «Цом мемæ, æмæ бауарзæм кæрæдзи, Æз ацы 'хсае& æрмæст, месье, дæу дæн! 64
Куы нæ баййафа пъæлицæйаг иумæ, Уæд ын зæгъдзыиæ, æз кæй дæн дæ сыл, Дзæбæхдзинæдтæ фендзынæ ды бир’æ, Æхца та дæ æз райсдзынæн чысыл...» Йæ ныхас мæм фынфенæгау фæкасти, Фырадæргæй æз цавддурау фæдæн, Ысдзырдтон ма: «Куы уаис ды мæ бæстаг, Уæд дын дæ хурхыл сæвæрин бæндæн!» Æваст цыма æрхудти чызг йæ митыл, Гъеуый хуызæн йæ цæстæнгас фæтар, Иæ цæстытæ нæ уыдысты фæлитой, Йæ цæстытæ нæ уыдысты мæнгард. Йæ цæстытæ мæ нал ысуагътой дзурын, Фæлæ сæхæдæг тарстхуызæй дзырдтой: «Ды ма фæхуд мæ къæйных митыл, курын, Æвзæры охыл ма ракæн мæ кой. Цы сар’азон, кæд иунæг дæн мæ мадæн, Уый у рынчын, æз та нæ арын куыст, Цы сæрфат ма æрхъуыды кæнон цардæн? Æвæццæгæн, хуыцауæй дæн æлгъыст. Ам бонджын адæм цардæй къæртт æппарынц, Æз та æгуыстæй удхарæй мæлын, Мæн дæр фæнды зынаргъ дарæстæ дарын, Мæн дæр фæнды æнæмæтæй цæрын. Кæсут мæм! Æз ныггом кодтон мæ риутæ, Кæй хъæуы, тагъддæр’, хъарм хъæбыстæ, пъа! Кæд бакусин къæбæры фаг мæнг цинтæй, Æмæ мæлæтæй фервæзид нана!..» тон æмæ стьалитæ
Æлгъыст горæт, мæ маст фыцы мæ риуы, Аккаг уайдзæф ыссарын нæу мæ бон. Зæххон дзæнæт ды дæ æрмæстдæр иутæн, Ды дæ ныртæккæ мин-минтæн зындон. *** КОММУНАРТЫ ИНГÆН Æз никуы уыдтæн ацы рæтты раздæр, Æмæ мæ кæд æргом фæрсыс, Париж, Уæд дын зæгъын: æппæтæй мын зынаргьдæр Дæ хæзнатæй у коммунарты сис. Кæсын сæркъулæй мраморæй цыртытæм, Æрхæндæгæй мæхинымæр тыхсын. Уæлæрвтимæ хæцыдысты дæ фырттæ Æмæ ныр ам хæствæлладæй хуыссынц. Æрдæлгæмттæ сты кæрдæгыл æдзардæй, Куыд баурæдта ацы зæхх сæ рис? Куыд ма рæзы оæ ингæныл æнкъардæй Сæдæаздзыд сыкъаджын кипартис? Куыд ма бахуды дзаг цæстæй дæ бæстæм Æнусон хур сæумæрайсом фæлмæн? Куыд нæ атыдтой фырмæстæй дæ фæрстæ Сæ тæригъæдмæ кæсынæй, дæуæн? Хуыссут, хъайтартæ! Мах бырсдзыстæм размæ, Цæмæй æрзила дунейыл уæ дуг. Æртывæрæй уын райста æмæ райсдзæн Октябры ныфсхаст фæлтæр уæ туг! 66
Нырма нæ тох нæ ахæццæ кæр’онмæ, Нæма райстам мах бонджынтæй нæ хæс. Уæ хъæбултимæ ард хæрæм уæ номæй — Уæ бæллиц уын ыскæндзыстæм æххæст. Æлгъыст дуне, кæрон æрцыд дæ цардæн, Сæрæгасæй ыскæн дæхицæн хист! Уæ сисы цур ыслæудзæн тагъд иысанæн, Тæрсгæ-ризгæ, фæстаг капиталист. Фæлæ йæ мах нæ амардзыстæм кардæй, Уæ тугмæ йын нæ райсдзыстæм йæ сæр. Уадз, музейы лæзæра экспонатæй, Æмæ йыл худой фидæны фæлтæр’. Зæххы къори уын мады хъæбыс фсстдзæн, Мæнгарддзинад дзы иал уыдзæнис, нал, Йæ рæхыстæ æнусы тармæ фехсдзæн Æмæ ныззардзæн «Интернационал». ### НЫХАС ПАРИЖАГ ИРОНИМÆ Хъус-ма, хорз лæг, æз курын, ды ма дзур: «Ирæн йе ’гъдæуттæ нал бæззынц царды, Ирæн йе ’взаг мæгуыр æмæ цауд у, Нал айхъуысдзæн уæ хорзы кой дардыл...» Ды нæ зоныс нæ фыдæлты ’гъдæуттæ, Ды нæ зоныс нæ фыдæлты заман, Ды нæ зоныс, нæ дзыллæйы зæрдæ Цал рæхуысты ныккодта дæ хъама. Ды цы ныхæстæ загътай сæртæгæй, Уыдон махæн цы ’ххуыс ысты царды? 3* 67
Кæд ирон дæ, уæд радзур æцæгæй, Ды цы бафтыдтай Ирæн йæ кадыл? Кæд ирон дæ ды тугæй, ыстæгæй, Уæд кæйдæр зæхх дæ къона куыд хоныс? Ды цы ’мбарыс сæрибар рæстæгæн, Кæнæ Иры хъысмæтæн цы зоныс? Зæгъ, кæм ацыдис удуæлдай хæсты Ивгъуыд дуджы нæ фыдæлты тугвæд? Искуы ауад тыхст сахат дæ цæстыл Ос-Бæгъатыры цардæгас сурæт? Искуы уарЪтай хъæбулау н«æ хæхтæ Æмæ скуыдтай, куы цыдтæ фæндагыл? Искуы загътай сызгъæрин ныхæстæ Ды Къостайау нæ рæсугъд æвзагыл? Кæнæ искуы дæ уд цымæ барызт, Ды куы хъуыстай ирон усы хъарæг? Йе дæ зæрдæйы-иннæрдæм ахызт Топпы нæмыгау «Иунæджы зарæг»? Ды кыхъхъус дæ?! Ды райгуырдтæ Францы, Ды фæцардтæ дæ гуыбын, дæ рагъæн, Ды кæйдæр дзыхæй дзурыс ныр алцы, Зæгъпæ, нал ис р’æсугъд фидæн млхæн. Нæй уæ дам-думтæй, зонут, фæцудæн Йе стыр фæндагæй абон нæ Ирæн. Махæн не ’взаг хъæздыг у, рæсугъд у, Æмæ бирæ цæрæнбон ис уымæн! Кæс, ныззылди нæ Ирыстон дардыл, Уымæ бирæ дзыллæтæ бæлдзысты, Махæн не ’гъдæуттæй чи бæззы царды, Уыдон мин азты дæргъы цæрдзысты!
Кæд ирон дæ ды тугæй, ыстæгæй, Уæд Парижы фыдызæхх куыд хоныс? Ды цы ’мбарыс сæрибар рæстæгæн, Кæнæ амондджын цардæн цы зоныс? Зæгъ, куы нæ уаид фидæн нæ бæстæн, Йе куы нæ уаид йе ’взагыл зарæн, Уæд цæмæн хъуыд сæрибары рæстæг, Уæд цæмæн хъуыди уыйбæрц туг калын? ХÆРЗБОН, ПАРИЖ! Хæрзбон, Париж! Ды дæ рæсугъд, хæрзконд, Гуырвидауц чызгау ахадыс цæсты. Дæ аккаг дзырдтæ не скæрддзæн мæ зонд Æмæ мæм ма кæн уый тыххæй мæсты. Хæрзбон, Париж, æз рагæй уарзын дæу, Дæ хъысмæт мын кæронмæ у зындгонд, Фæлæ мæн’æн æнæ Ирыстон нæу Зæххыл фæцæрын иу минут мæ бон. Мæиæн ныр ам мæ сурæт и æрмæст, Мæ эаврдæ та ис Райгуырæн бæсты, Гъе, уымæн дæн æнкъард æмæ фæлмæст, Фæлæ мæм ма кæн уый тыххæй мæсты. Мæ къæхтæ мæн Ыскæсæнмæ хæссынц, Кæм ныззылд дардыл Райгуырæн Цæдис, Кæд мæм нæ дзыллæ не ’нхъæлмæ кæсынц, Уæддæр мæ зæрд’æ Иры хæхты ис. Кæд афонмæ мæ буц хотæ тыхсынц, Æмбарынц мын мæ сагъæстæ, мæ рис, 6&
Фæлæ, мийнаг, кæд не ’нхъæлмæ кæсынц, Уæддæр’ мæ зæрдæ Иры хæхты ис. Кæд афонмæ сæ рудзынгæй кæсы Кæйдæр рæсугъд, æнæхуыссæг фæцис, Кæд мæм, миййаг, уый не ’нхъæлмæ кæсы, Уæддæр мæ зæрдæ Иры хæхты ис. Мæ къæхтæ мæн Ыскæсæнмæ хæссынц, Кæм ныззылд дардыл Райгуырæн Цæдис, Фæлæ, миййаг, кæд не ’нхъæлмæ кæсы, Уæддæр мæ зæрдæ Иры хæхты ис. * * * Æмбарын м’ аххостæ, мæ азым, Цы нæ зын бавзæрста мæ сæр? Æрмæст ма йыл куырой нæ разылд, Æндæр... Ныр дæр мæ цард цæуы ызмæстæй, Мæ зæрдæниз кæны фылдæр, Фæлæ мæ хосгæнæг у рæстæг Уæддæр... Уый у мæнæн мæ ныфс, мæ фæрдыг, Æмæ мæ сонт митыл — æргом — Нæ кæнын иу уысм дæр дызæрдыг, Фæсмон... ##*
ÆРГОМДЗЫРД ДÆН Æргомдзырд дæн — мæ удхæссæг уыным Уæлæнгай фыст æнцонкæсæн романтæй, Уым не знæгтæ æдзух кæиынц сым-сым, Фæлæ уæддæр’ æрæвæрыиц сæ «къамтæ». Уым не знæгтæ æдзух æвдыст цæуынц Гæххæттæйконд æдылыдзæф тæппудтæй, Сæ гæрзтæй сæ бындзыты цагъд кæнынц Бæрæгбонарæзт итувæрд лжппутæ. Уындæй дæр се ’хсæн иу нывыл лæг нæй, Кæнынц фыртæссæй карз тохы дыдæгътæ, Цæмæй нæ кæной кæсджытæ фынæй,— Кæнынц кæрæдзи хаттæй-хатт гæрæхтæ... Ау, кæд æдых, æнæбон у знаг, Уæд уыимæ цæмæн хъæуы хæцын дæр? Нæ, уымæн абон карздæр у йæ марг, Æмæ йæ ныхмæ тох кæнын фæзындæр... *** АСАЙДТА САЛДАТ МÆЛÆТЫ Цыд салдат ызнæгты ныхмæ, Цыд салдат адзалы дзыхмæ, Фæлæ йæ хызта мæлæтæй Цардамонд, Цардамонд, Цар’дамонд. Кæрдæгмæ æрхауди бæхæй, Нал ын уыдис сыстæн зæххæй, 71
Фæлæ йæ мæлæтæй байста Судзгæ уарзт, Судзгæ уарзт, Судзгæ уарзт. Хæхты уарзон чызг ныууагъта, Уый йын фидар дзырд куы радта, Се ’хсæн карз æвдисæн баззад Къухдарæн, Къухдарæн, Къухдарæн. Асайдта салдат мæлæты. Уый нæ бафæндыд дзæнæтмæ, Хæхты йæм æнхъæлмæ касти Уарзон чызг, Уарзон чызг, Уарзон чызг. *** ЗАЗ БÆЛАС Цымæ ныр цас рацыд — æнус? — Дæуæн куы ахуыссыд дæ зынг. Æмæ дæ ингæны уæлхъус Куы калы заз бæлас цæссыг. Фынгæн нын дар’дтай ды дæ арм, Куыд фенæм къаддæр тухи, маст, Дæ чызджытæм куыд уа æфсарм, Дæ лæппутæ куыд уой ныфсхаст. Куы рауад лæппутæй лæгтæ, Дæ дыууæ чызджы та — чындздзон,— 72
Ды дард балцмæ уыдтæ цæттæ, Дæ раздахын нæ уыд нæ бон. Дæ фырттæм кодтаис мæсты,— Сæ иу куы æрхастаид чындз, Уæд ныр дæ ингæны уæлхъус Ирон рæсугъд чызджы бæсты Нæ калид заз бæлас цæссыг... *** ÆРВОНГ ХЪУЫДЫ Мурасты Махарæн Кæнынц мæм арæх ме ’мгæрттæ мэесты, Кæй нæ дæн сабыр, коммæгæс, æрмахуыр. Кæй фæдзуръж кæддæриддæр рæстыл, Кæй нæ барын мæнгард митæ ’мæ хахуыр. Кæнынц мæм арæх бирæтæ мæсты, Куы баназын ызиæт æмæ фырмæстæй, Æнцад-æнцойæ цæрыны бæсты Мæ цард кæй кæлы ивылд донау змæстæй. Кæнынц мæм арæх бирæтæ мæсты, Кæй нæ уадзын хъæздыг бынтæ мæ фæстæ, Кæй дæн æрра, кæй дæн æдзух «хæсты», Каей хардз кæнын «лыстæг хъуыддæгтыл» рæстæг. Мæ хæлæрттæ, цæрут рæсугъд, фæрнæй, Кæцæй ма ис æрдæгфæндагæй здæхæн? Лæг хъуамæ расыг ма кæма оæнæй, Фæлæ æрмæстдæр уарзт æмæ фыдæхæй. ### 73
ЦЫРТДЗÆВÆН Мигъты ’хсæнæй хуры цæст нæ зыны, Урс æхсæрдзæн айиæгыл кæуы, Иры хæхты Фыййагдоны былыл чДугъон бæх сæргуыбырæй лæууы. Уый у кæд уынгæг тохæн æвдисæн — Карз хæстмæ йæ барæгимæ тахт. Лæппу уыд сæрибар’ы фæдисон, Фæлæ саргъæй кæрдæгмæ æрхауд. Ие ’рхаста уый худинаг йæ сæрмæ, Судзгæ тохæй нал раздæхти, нал, Фæлæ йæм ныр дæр кæсы æнхъæлмæ Доны был йæ фæдисон æмбал. Цыртдзæвæн йæ сусæг хъуыды дзуры: Ма рацæуæд ног хъаймæт зæххыл. Царды цалх гуыргъахъхъ фæндæгтыл тулы, Рæстæг ныл фæдисонау тæхы. ##* НÆ КÆСТÆРТÆЙ КÆМÆНДÆРТЫ... Кæстæр дæм кæстæр’ау куы хъуса, Куы ’мбара дæ зæрдæйы рис, Дæ фарсмæ уæхскуæзæй куы куса, Хуыздæр амонд царды цы ис? Нæ кæстæртæ — махæн цæргæстæ,— Сæ хистæртæй ноджы лæгдæр. Фæлæ дзы ис ахæмтæ дæр, Кæмæй у зæрдæцъæх нæ рæстæг. 74
Кæс’ут-ма, фæсирынц нæ рæзты, Нæ рæзты фæуайынц сæппæй, Мыггагæй ирæттæ бæргæ сты, Фæлæ сæм ирон æгъдау нæй. Куы сып кæиой хистæртæ уайдзæф: «Кæстæр дæ, дæхиуыл фæхæц!» — Фæстæмæ нæ акæндзæн къахдзæф, Фæлтау ыл ды сечкæ и’ыццæв. Нырма дзы нæ фæззыгон наймæ Нæ бахаста иу’дæр куырис, Гъе, афтæмæй алчидæр «хаймæ» Æнхъæлмæ кæсыныл фæцис. Иæхи дзы чи рахуыдта Кафка, Вийон, Аполлинер, Камю! Кæйдæр цагъдмæ къахфындзтыл кафгæ Къостайыл ныффæлдæхтой дур... Мах зопæм, цы домы сæ «лирæ», Мах зонæм сæ зæрдæйы уаг, Чысыл сын нæ бантысид — бирæ,— Æрмæст сын чысыл фадат ратт. Хæциккой нæ ныхмæ фырытау (Сыкъатæ сын к’ уаид бæргæ!), Гæппытæ кæниккой уырытау Сæ талынг хуыггæмттæй хæрдмæ... Нæ фæлтæры халы сæ хъæстæ, Нæ рæзгæты мары сæ марг, «Æгъгъæд сын у!» — домы нæ рæстæг, «Афон сын у!» — домы нæ уаг.
Уæдæ сæм цæй иу бон æркæсæм Зæгъæм сын æргомæй «фæлæуу». Уæвгæ сæ мыггагæй цы фæрсæм, Мыггагыл дзы иу дæр куы нæу... ÆЗ УАРЗТОН ДÆУ... (Пушкинæй) Æз уарзтон дæу, æмæ дæ цæстæнгасæн Мæ зæрдæйы нæ ахуыссыд йæ зынг... Æрмæст дæ курын: ма сфæлмæц мæ уарзтæй, Нæ мæ фæнды дæ маст æмæ дæ зын. Фыруарзтæй мыл мæ бонтæ кодтой тартæ, Мæ сусæг монцтæ бамбæхстон уæддæр. Хуыцау зæгъæд: æз дæ куыд уарзтон, афтæ Дæу искæд бон куыд бауарза æлдæр. *** ЛÆГДЗИНАД ÆМÆ НАМЫСЫ ХЪУЫДДÆГТÆ... (А. Блокæй) Лæгдзинад æмæ намысы хъуыддæгтæ Æз кодтон рох тæригъæдджын зæххыл, Куы-иу сыгъдис дæ рухс сурæт мæ сæнтты, Куы-иу фæндыд мæн базыртыл тæхын. Æрцыд рæстæг, æмæ ды мæн ныууагътай, Дæ къухдарæн мæ урс къухыл ныр нæй, 76
Дæ хъысмæт ды æндæримæ ысбастай, Æмæ дæ сур’æт ферох и мæнæй. Цыдис мæ цард æлгъыст æмæ мæнгардæй, Сæн æмæ монц мын бадомдтой мæ уд. Дæумæ æз сидтæн кувæндрны размæ, Лæгъстæ дын кодтон: мидбылты мæм худ. Æз дæм дзырдтон, фæлæ мæм ды нæ кастæ, Æз сабийлу мæ хъысмæтыл куыдтон, Ды мæйдары цъæх фæлысты фæраст дæ, Фæстаг хатт дæ кæй уынын, уый зыдтон. Кæм дæ ныр ды, дæ цъæх фæлыст нæ зыны, Мæ цæсты рухс, кæм бафснайдтай дæ сæр? Æз дæн фынæй, уынын дæ сурæт фыны, Æмæ кæиы мæ хъизæмар фылдæр. Цы ма бæллон ныр намыс æмæ кадмæ? Мæ сау зæрдæйы уарзты монц ныддур, Æр’мынæг ис дæ рæсугъд сурæт цадæг, Æмæ мæ-риуы аныгуылдис хур. *** КУЫ ЦÆУАЙ ДЫ КÆЙДÆР ХÆДЗАРМÆ (Давид Овадий) Куы цæуай ды кæйдæр фæриыг хæдзармæ, Дæ цæстытыл куы хъаза амонд, цин, Куы хъуыса дардмæ чындзхонтæн сæ зарæг,—- Мæн бауырндзæн: дæу хорз амонд фæци. Æнæнхъæлæджы фестдзыиæн уæ разы, Нымбæхсдзыиæн мæ маст æмæ мæ рис, 77
Дæ уазд>кытæй уыдзæнис исчи (засыг* Æмæ æрмæстдæр уый нæ кæндзæн дис. Фæхъус уыдзысты фæндырæн йæ зæлтæ, Цымыдисæй мæм хъæубæстæ кæсдзæн, Дæ буц хотæ æруадздзысты сæ сæртæ, Дæ æфсымæр «æрра митæй» тæрсдзæн. Дæ ныййарæг йæхннымæр ысдзурдзæн: «Нæ фыдбылыз... Цæмæн фæзынд, цæмæи?» Дæ зæронд фыд мæнæй хатыр нæ курдзæн — Дæхи хуызæн æнæхатыр уыдзæн. Дæхи хуызæн мæиыл кæндзæн мæнг цинтæ, Мæ дзыхыл мын ысдардзæнис арахъхъ. Æмæ æрмæстдæр базондзысты зинтæ, Кæй банызтои йæ къухтæй уымæн марг... Мæнæн мæ бон цы уыдзæнис ысдзурын, Фæлæ мæ бæсты дзурдзæнис мæ уынд,— Фæстаг хатт ма кæй лæууын æз дæ цуры Æмæ дæуæн фæстаг хæрзбон зæгъын... *** зонын (Ахмет Ведзижевæй) Зонын, искæд бон мæ зæрдæ Банцайдзæн æваст йæ куыстæй, Атар уыдзысты мæ фæндтæ Æмæ ’рхаудзынæн зынгхуыстæй. Чи зоны, мæ уæлсынт хъуысдзæн Дардыл марой æмæ хъарæг, Мæн мæ фыдыуæзæг мысдзæн Æмæ мыл ыскæндзæн зарæг. 78
Рох нæ уыдзынæн хæлæрттæй Стæй мæ буц сабитæй,— зонын, Не ’ууæндын æрмæст дзæнæтыл, Не ’ууæндын æрмæст зындоныл. Ацы дунейыл æууæндын Æз дæ^ыл æрмæст, мæ адæм, Сты дæуимæ баст мæ фæндтæ, Ма уæд фесæфæн дæ кадæн. Кæд нæ сарæзтон æз бир’æ, Кæд нæ бафыстон дæ хæрзтæ, Гъеуæддæр ды дæ мæ дуне, Гъеуддæр ды дæ мæ зæрдæ. *** БИРÆГЪТÆ (Вл. Солоухинæй) Мах, бирæгъты мыггаг, Мах куыйтимæ баргæйæ Тынг бирæ не стæм. Мах цуаноны хæтæлæй сау мæлæт аргæйæ Царæфтыд фестæм. Мах тугхъулон зæххыл Æнæсхъæрзгæ арæх Фæкæнæм дæлгæмттæ. Нæ ныхмæ у закъон, кæд не знæгтæ зилынц нæ фæстæ, Гъеуæддæр нæ фесæфт нæ хъæстæ. У закъон нæ ныхмæ, Ыскуынæг нæ мыггаг, Рæхджы мæлæт хатæм. Мах куыдзы хъæвдынтимæ иу тугæй ыстæм, Æрмæст^мах нæ сæртæ æгадмæ нæ радтам. 79
Цы сæ хъæуы куыйты? — Æр’мæстдæр сын ракал Фæлхæрдтæ, ыстджытæ. Нæ хъысмæт та — тархъæды зилын зымæгон, Нæ уыргтæ ныссæлынц нæ мæллæг фæрсчытыл. Цы сæ хъæуы куыйты? — Цæмæй сæ æртхъирæны мæйы Æрбауадзой тыргътæм. Нæ хъысмæт у хурæй бæрæгдæр,—• Нæ тугæйдзаг цæг ныл æрхъула ис тынгдæр. Нæ туг æмæ не стæг, Цæмæн нæ фæсайдтат, Цы хуыцау уыл рахатт? Цæмæн нæ фæсайдтат лæгæвзарæн боны, Цæмæн ныл ыскодтат гадзрахат? Къуыбыр’хъус уыдыстут, Ныфсхаст æмæ фидар Нæ хуызæн. Фæлæ уын уæ гуыбынтæ бафсæстой, æмæ Ныр не знæгтæн разы стут æххуысæн. Ныр талынг куыдздæтты Кæрдзыны къæбæрыл . Цæттæ стут зæвæттæ ысдæрын, лæггадмæ, Ызгæ рæхыстимæ (хуыздæр аккаг не стут), Уæ бонтæ æрвитут æгадæй. Ныр ризут фыртæссæй Уæ нарæг куыдздæтты, Куы рацæуæм цуаны æхсæв. Мах куыдзы хъæвдынтæй нæ бирæ фыдбонтæ Нæ судзгæ маст р’айсæм. *■ * *
ЗАРДЖЫТÆ ЧЫЗДЖЫ САГЪÆС Баталынг и, хур фæсхохмæ ахызти, Хъæугæронæй зонгæ зарæг райхъуысти. Уый мæ уарзон ’ндæр чызгимæ рацæуы, Судзгæ маст мæ сонт зæрдæйы нал цæуы. Ферох ысты лæппуйæ йæ ныхæстæ,— Фæззæджы кæй уыдзæнис нæ чындзæхсæв, Баззадис мæ урс къухыл йæ къухдарæн, Зæрдæйы та карз сомытæ — удхарæн. Фæлæ æз куыд ферох кæнон уыцы бон, Ды мæнæн куы ранхæлдтай дæ рухс фæндон. Загътай мын дæ цин æмæ дæ мæстытæ, Кастæ-иу мын комкоммæ мæ цæстытæм. Каед мæнæн цытæ дзырдтай æцæгхуызæй, Уыдон ныр фæкæныс ды æндæр чызгæн, Кæд мæныл фæхудыс ды æндæримæ, Уæд дæуыл æрцæудзæнис мæ тæригъæд. Æз дæуыл нырма мæ зæрдæ не-сивтон, Хъуамæ ма дыл иу ныхасмæ фембæлон. Раздæрау дæ стъалытимæ бардзынæн, ’Рмæст дæу тыххæй, зон, мæхи нæ мардзынæн! ***
ИУ ИЗÆР КУЫ НÆ ФЕНАЙ ДÆ УАРЗОНЫ Иу изæр куы нæ фенан дæ уарзоны,— Æхсæв дæм фæкæсдзæнис æнус. Дард балцы куы цæуа, уый куы базонай,— Атайдзæн дæ сау цæстыты рухс. О мæ зæр’дæ, ма райхал дæ карз фæндтæ,— Сусæг удхар раппæлинаг нæу. 0, фæлтау куы нæ уаиккой уарзæттæ, О, фæлтау куы нæ федтаин дæу. Урс бæрз бæлас цады былыл мæйрухсы Къулсæрæй зыд уылæнтæм кæсы... Искуы мын куы бауарзай æндæр чызджы, О мæ къона, уымæй дын тæрсын! **# СУСÆГ УАРЗОН Æз авд азы дæргъы мæ судзгæ зæрдæйы Хæххон дидинæгау дæ сурæт фæхастон, Нанайы рæсугъд чызг, дæ алы фæзылд дæр, Дæ алы фезмæлд дæр къахдзæфтæй куы барстон. Сæрдыгон æхсæвтæ, цæй даргъ-иу ныйистут, Æндæры куы уарза, уæд уымæй тæрсгæйæ. Мæ сау дыууæ цæсты, куыд нæ рахаудыстут, Чызгайы куы хастой, уæд уымæ кæсгæйæ. Кæйдæр лæппумæ мын кæд моймæ фæцыдтæ Æмæ кæд дæ зарæг мæ уатæй нæ хъуысы, Уæддæр дæ рох ма уæд, мæ хæххон æхсинæг, Мæ хъаймæты бонмæ æдзухдæр дæу мысын.
Кæй фæрныг хæдзар у ныртæккæ дæ къона, Тæхудиаг æрбауа, дæ зæр’дæ кæй уыдзæн? Сусæг уарзон ма уæ цы лæппу ыскæна, Уый райсом мæ хуызæн фæсмойнаг фг?уыдзæн. *** УАРЗÆТТÆ ЗАРЫНЦ Урсбарц æхсæрдзæнтæ хауынц, Арф кæмттæй Теркмæ тырнынц, Мæйрухсы уарзæттæ зарынц, Хæхтæ сын цадæг хъырнынц. Зарæг, зарæг, Урсбарц æхсæрдзæнты хъазт. Зарæг, зарæг, Райхæлдта зæрдæты уарзт. Гъе-мардзæ, лæппу фæрæвдз и, Чызг ын куы бавæрдта ныфс, Зарæджы зæлтæ кæрæдзи Кодтой зæрдиаг хъæбыс. Зарæг, зарæг, Урсбарц æхсæрдзæнты хъазт. Зар’æг, зарæг, Райхæлдта зæрдæты уарзт. Арвæй сыл рухс мæй фæлгæсы,— Бадиккой райсоммæ ’нцад, Фæлæ æнхъæлмæ куы кæсы Чызгмæ йæ ныййарæг мад. Зарæг, зарæг, Урсбарц æхсæрдзæнты хъазт. Зарæг, зарæг Райхæлдта зæрдæты уарзт. 83
ЧЫЗДЖЫТЫ РАКОДТАМ ХЪАЗТМ^Е Мæйрухс хæхтæм ирд цæстæй ныккасти, Комы худы уалдзыгон изæр, Рацæуынц ирон чызджытæ хъазтмæ, У дзы иу чызг иннæтæй хуыздæр. Рацæуынц æфсæрмыдзастæй, худгæ, Иууылдæр сæ амондмæ бæллынц, Усгуртæ фæкъул кодтой сæ худтæ, Худты бынтæй сусæгæй кæсынц. Фæндыры хъйс чызджы къухты ризы, Сæрра кодта лæппуйы йæ цагъд: Афтæ хæхтыл дзæбидыртæ хизынц, Афтæ кæмтты уаритæн сæ тахт. Дымгæ сын сæ зард ыскъæфы дардыл, Ноджы дарддæр’ айхъуысæд сæ кой. Чи ссардта рæсугъддæр амонд царды, Уыдон æмбал чызджытæ куыд уой. *** УАРЗТЫ ДИДИИÆГ Охх, мæнæ Терчы был дидин æрзади, Хур æм зынг цæстæй кæсы ’мæ кæсы, Дидинау райхæлд нæ уарзондзинад, Амонд нын йемæ хæссы. О рæсугъд æрвдидинæг, Ды фæу мæ фидиуæг, Уарзон чызгæн Райхал кæронмæ мæ фæид.
М.якуы ферох кæн сæрдыгон æхсæё, Сонтæй нæ р’иуты ыссыгъди зынг арт, Цæй-ма, кæд уыдзæн нæ буц чындзæхсæв, Иумæ кæд уыдзæи нæ цард? Курын дæ, мæ урс бæлон, Зæгъ æргом дæ рухс фæядон, Мауал мыл худ, Мауал мæ мар ды мæстæй! Хъæубæсты иууылдæр зонынц нæ уарзт Æмæ нæ цинмæ æнхъæлмæ кæсынц, Цæй-ма, мæ бæлон, цæмæ у нæ каст, Афæдзтæ бонтау тæхынц. Бирæ дыл ис дзурджытæ, Фервитын дæм курджытæ, Сауцæст чызгай, Райхал дæ зæрдæйы фæнд! *** МÆ УСЫ МАД Цардыстæм амондджын цардæй, Иумæ мæ къаимæ мах, Фæлæ нæм иурайсом дардæй Смидæг и ме ’фсины мад. Фестад, фестад Махæн нæ рухс цард зындон. Нал уыд, нал уыд Уайдзæфтæм хъусыи мæ бон. Гъей-джиди, алидз ныр хъæумæ, Ацæр уым иу бон æнцад!.. Дыккаг бон уырдæм изæрæй Смидæг и ме ’фсины мад. 85
Ногæй махæй Фестад нæ рухс цард зындон, Нал уыд, нал уыд Уайдзæфтæм хъусын мæ бон. Бузиыг мæ хæстæг æрвадæн, Иубон уый загъта мæнæн: Бавдæл, дам, дс ’фсины мадæи Балхæн путевкæ фæрнæй. Ацыд, ацыд Курортмæ ме ’фсины мад. Фестад, фестад Рухс дзæнæт бинонты ц?.рд. Фæлæ, абон Раздæрау зæрдæ кæуы. Тагъд æй ардæм Ногæй фæстæмæ хъæуы. ХОРЗ АМОНД ЫССАР Ды уыдтæ мæ рухс дуне, мæ ныфсы хох, Демæ хордтам сау сыджытæй ард. Ме ’нхъæлцау, мæ дидинæг, мæ цард, Ме ’нхъæлцау, мæ дидинæг, мæ цард. Фæлæ мын мæ артыл дон куы ауагътай, У æндæр чызг ныр дæуæн дæ хур, Сæвæрдтай мæ зæрдæйы та дур, Сæвæрдтай мæ зæрдæйы та дур. Раздæр’ау мыл худгæ хур куы нал кæсы. Уыи мæнмæ цæхæр цæстæй куы каст, Судзы риуы ме ’намонды уарзт, Судзы риуы ме ’намонды уарзт. 86
Раздæрау цæрыс ныр дæр мæ зæрдæйы, Кувын дын æз: «Хорз амонд ыссар, Æмæ йын мæ тæригъæд ныббар, О хуыцау, мæ тæригъæд ныббар’!..» *** ФАРНЫ ЗАРÆГ Рагæй дæр нæ буц фыдæлтæ амоцдмæ куывтой, Авд бæркады, авд лæппуйы, авд фарны куырдтой. Мах та авд хойæ æрмæстдæр иу хорзæх хъæуы,— Уыцы амонд уыцы фарнмæ дун-дуне бæллы. Арвæй нæм æдзухдæр худæд Худгæ хуры цæст. Адæмы фарн ма рауадзæд А дунейыл хæст. Алы аз дæр ныл рæсугъдæй, Хъæлдзæгæй цæуæд, Уарзон уарзоны хъæбысы Фарнимæ цæрæд. Иры дзыллæ азæй-азмæ цинтæ ’взарæд иог, Усгур лæппу чызджы цæстмæ хъазты кафæд рог, Фесæфæд нæ зын, нæ сонæн а зæххыл йæ кой, Абадгæ чызг мауал бадæд — тагъд ыскæнæд мой. Чи кæны йæ хорз сыхагмæ алкæддæр хæлæг, Ма рахауæд уый цæстытæ,— уадз æмæ уынæд. Чи загъта йæ буц бинонтæн расыгæй «хæрзбон», Уыцы лæг йæ сæрхъæн митыл ныр* кæнæд фæсмсн. *** 87
ДЫУУÆ ЗАРÆДЖЫ Лæппу чызджы цæстмæ фырцинæй зарыд, Лæппу рæсугъд чызгæй нæ кодта цух: «Мæ хæххон æхсинæг, Мæ сæууон дидинæг, Дæу мæ къухтыл хæсдзынæн æдзух!» Лæппу рæсугъд чызджы æицад иæ уагъта, Кодта рæсугъд чызгæн æдзух лæгъстæ: «Мæ хæххон æхсинæг, Мæ сæууон дидинæг, Æз дæ бæсты æхсдзынæн гæрстæ». Лæппу рæсугъд чызджы къуыримæ ’рхаста, Уайтагъд ацарæзта сæ сыхы хъазт, Фæлæ мæйы фæстæ Æрзылд æндæр рæстæг,— Райхъуыст хæдзарæй чындзы цъæхахст. Лæппу йе стыр’ мыздæй капекк нæ хаста, Куывдтæ, чындзæхсæвтæй нæ кодта цух, Куы-иу фæрасыг и,— Йæ къæхтыл нал цыди, Ус æй хаста йæ къухтыл æдзух. Лæппу бинонты дæр цæрын цæ уагъта, Кодта алы ’хсæв дæр йæ усмæ загъд: «Фылдæр кус хæдзары, Науæд дæ чи дары, Йе та згъоргæ дæ цæгатмæ тагъд». Лæппу чызджы цæстмæ æгæр куы зара: «Нал у иу минут даер цæрын мæ бон!» Уæд-иу, рæсугъд чызгай, Къæрцхъусдæр хъуамæ уай, Науæд сомбон кæндзынæ фæсмон. *#* 88
ФÆСМОН ФÆКÆНА Æз сонты бонты Мæ рухс бæллицтæ Кæимæ бастон, Гъе, уыцы чызджы Мæ буц хæдзармæ Чындзы æрхастон. Мæ ныййарджытæн Сæ худт, сæ цинæн Кæрон дæр нал уыд. Фæлæ мæ «бæлон» Рæсугъд уæвгæйæ Хуыскъастæу разынд. Уый иунæг хатт дæр Йæ уæздан къухтæм Цъылын нæ райста. Мæ рынчын мад ын Æдзух йæ бæсты Йæ уæттæ марзта. Йæ ахуырст дзыкку Хъæмпы цъынайау Хæрдмæ ысфасы, Йæ джинс хæлафы Куы фæцæйуайы Уый тасгæ-уасгæ. Мæ хорз сыхæгтæ Куы нал фæразынц Йæ хъæр’, йæ загъдæй,— Уый усбирæгъау Куы балæбуры Мæ рынчын мадмæ. 89
Мæ ныййарæг æм Тæрсгæ-ризгæйæ Ысдзырд кæм уæнды? Къостайы загъдау: «Лæгдзарм тæнæг у, Мæлын кæй фæнды?..» Мæ фыды зæронд Куы нæуал уæнды Нæ буц хæдзармæ. Йæ иунæг хо дзы Йæ къæхты фæрцы Фæлыгъди дардмæ. Мæ хæлæрттæ мын Кæнынц тæригъæд: Кæм æй ыссардтай? «...Фæсмон фæкæна, Мæрдты дзыназа, Дæу чи ныййар’дта!..» *** ÆНДÆРИМÆ РÆСУГЪД АМОНД ЫССАР Куы нæ дæ фенын уалдзыгон изæр, Куы нæ ’рбатæхыс хъазтизæрмæ маргъау, Мæ уд уæд судзы зындоны цырагъау, Нæ фæзонын, кæм бафснайон мæ сæр,— Куы нæ дæ фенын уалдзыгон изæр. Æдзухдæр у дæ рудзынгмæ мæ каст, Дæ цурмæ мæ фæцæйхæссынц мæ къæхтæ, Мæнæн ыскодта мæйы чызг кæлæнтæ, Нывондау дæн зæлдаг æндахæй баст, Æдзухдæр у дæ рудзынгмæ мæ каст. 90
Тæхуды æз куы базонин мæ бон, Куы мын зæгъйс, кæй дæ разы мæ фæндыл, Фæлæ дæм æз ысдзурын дæр нæ уæндын, Мæ хурыскаст, мæ зæр’дæйы фæдон, Тæхуды æз куы базонин мæ бон. Мæнæн, чызгай, мæ судзгæ уарзт ныббар, Миййаг, кæд у æидæримæ дæ амонд, Уæд демæ æз уæларвмæ кувын абон: Æндæримæ рæсугъд амонд ыссар, Мæнæн та ды мæ судзгæ уарзт ныббар! #*# САБИТÆ Сабитæ, сабитæ, Рацæут зиумæ. Ахъазæм, акафæм, Ахудæм иумæ. Саразæм иумæ Змисæй хæдзæрттæ, Залмы сыфтæй сын Ыскæнæм цъæх сæртæ. Хъæдрæбын иумæ Æхсæртæ æртонæм, Æмæ тъæбæрттæй Нæхимæ ызгъорæм. Науæд нæ баба Хыл кæнын дæр зоны, Науæд нæ нана Æрнæмын дæр зоньь 91
ШОФЫРЫ ЗАРÆГ Рухс хур нæма скæсы райсомæй, Горæт ма адджын фæхуыссы, Афтæмæй уынгты мæ машинæ Размæ фæбырсы. Сидынц нæм дард балцмæ фæндæгтæ, Бæлæстæ тилынц сæ къухтæ, Цас ласын алы бон хорз лæгтæ, Сауцæст рæсугъдтæ. Чи дзы фæтагъд кæны кусынмæ, Райсомæй горæтæй хъæумæ, Чи та фæтындзы йæ усимæ Авдæнбæттæнмæ. Рухс уынджы рацæуынц сабитæ, Хъæлдзæгæй хъазгæ ’мæ худгæ. Цæй-ма фæуромæм машинæ,— Размæ, мæ хуртæ! Уартæ та магуса рацæуы, Й’ ахсæн та акодта йе ’ккой, Уымæн мæ машинæ ’вгъау кæнын, Уый æз нæ федтон. Нозтæй мæм чи хата дзаг фынгыл, Уый у мæ фыдызнаг цар’ды, Уарзын æрмæстдæр ирон хуынды Кафт æмæ зарын. Гъей, чызгай, ма кæн пæррæстытæ, Курын, æрхæсс мæ дæ сæрмæ, Комкоммæ ма кæс мæ цæстытæм,— Тоны мæ зæрдæ. Г2
Гъей, хорз ус, ма кæс хæлиудзыхæй, Дам-думтыл схæцыд дæ зонгæ, Уый бæсты рæвдздæр дæ хæдзармæ Фарнимæ згъор’гæ. *** ЦÆМÆН МА ДÆ МЫСЫН? Мæ зæрдæйы тайынц Мæ судзаг мæстытæ. Сæхимæ мæ сайынц Дæ цæхæр цæстытæ. Оххай! Цæмæн ма дæ мысын, цæмæн? Цæмæн ма дæ мысын4, цæмæн? Мæ удæн хъадаман — Дæ уарзон ныхæстæ, Бæллиццаджы заман, Бæллиццаджы рæстæг. Зыдта йæ мæ зæрдæ,— Мæн уыдтæ, мæн уарзтай, Фæлæ уæд æндæры Ды къайæн ыскарстай. Ныр дæр ма нæ зонын Цы ’рцыди, цы кодтай? Æдзухдæр мæ номæй Ды стыр ард куы хордтай. Мæ удæн хъадаман — Дæ уарЪон ныхæстæ, Бæллиццаджы заман, Бæллиццаджы рæстæг. ##* 93
* * * Уыцы чызг æдзухдæр кодта худгæ Дидинæгау мидбылты фæлмæн. Никуы радта иу æнцон йæ удæн, Никуы скодта иунæг зын мæнæн. Искуы-иу куы арвыстон мæ рæстæг,— Уыцы чызг мын никуы скодта маст. Уый æдзух йæ цæссыгтæ æмбæхста Æмæ-иу мæм худгæйæ нымдзаст. Фембæлдмæ-иу бакодтон æрæджы Кæнæ-иу нæ рацыдтæн æппын. Афтæ ’нхъæлут, уый уыди уынгæджы Кæнæ->иу мæм райдыдта хæцын? Нæ, мæ хуртæ, худти-иу йæ мидбыл Æмæ-иу дзырдта: «Мæ цард, мæ бон!» Фæлæ-иу æз не ’рхудтæн мæ митыл, Фæлæ-иу æз не ’ркодтон фæсмон... Афтæ ’нхъæлдтон, уыцы чызг мæ уарздзæн, Афтæ ’нхъæлдтон, уыцы чызг у мæн. Афтæ ’нхъæлдтон, худгæ æмæ хъазгæ Алцыдæр ныббардзæнис мæнæн. НырГ мæ зæрдæ бариссы йæ койæ, Ныр мæ зæрдæ нал уромы маст: Уыцы чызг æндæр лæппумæ моймæ, Мидбылхудгæ, иуизæр фæраст. ***
ХÆРЗБОН Хæрзбон! Мæ уарзтæн æз зæгъын хæрзбон, Дæуæй æз базыдтон мæ бон, Дæумæ æвзонг, æвзонг чызгайы уарзт Æдзухдæр хъазын каст. Хæрзбон! Мæ буц ныхас дæуæн уыд рæхуыст, Ды не ’мбарыс мæ сонт зæрдæйы рыст, Дæуæн æндæр’, чызгай, Ныр у дæ къай! Хæрзбон! Мæнæй нæ фендзынæ цæссыг, Æз тынг арф бамбæхстон мæ хъыг, Æмæ дæ чындзæхсæвы, бауырнæд дæ ныр, Цæгъддзынæн æз фæндыр. Хæрзбон! Æнусмæ кувдзынæн, цæмæй Цæрай рæсугъд æмæ фæрнæй! Фæстаг хатт ма мæм Бахуд фæлмæн... Хæрзбон! *** ÆНÆНТЫСТ УСГУРЫ ЗАРÆГ Ма ныл худут, хорз æмгæрттæ Ма ныл кæнут дис. Махæн иумæ цалдæр чызгæй Иунæг уарзон ис.
Уый куы фенæм, уæд нæ фæллад Айсæфы æваст, Алы изæр’ æмдзæрæны Ацаразæм хъаст. Уый æмдзæгъдмæ мах фæкафæм, Йе цæгъдæм фæндыр. Фæлæ нæ кæй ракурдзæни, Уый нæ зонæм ныр. Иннæ чызджытæн лæвæрттæ Лæппутæ кæнынц, Уымæн та æдзух къафеттæ Чызджытæ хæссынц. Уый нæ хæссы мах йæ сæрмæ. Худы ныл хъæрæй: «Кæнæ уе ’ппæты дæр курын,— Кæнæ иу дæр нæ!..» Мах æй уарзæм судзгæ уарзтæй. Ой-ой-ой-ой! Фæлæ ныр куыд кæнæм астæй Иу лæппуйæ мой. Иуизæр та нын фæтæргай; Скодта та нын маст, Æмæ уæд йæ ныййар’джытæм Бахастам нæ хъаст. «Усгур» ставд цæссыг нызгъæлдта — Райдыдта кæуын,— Уымæн æмæ йыл æрмæстдæр... Авд азы цæуы... ### 86
ТЕРЧЫ МАСТ Терчы былыл сауцæст лæппу царди, Арæх ын «дæ райсом хорз» дзырдта. Терчы хъазтыл худæгæй уый марди, Терчы мастыл сусæгæй куыдта. Теркау уый æнцондзинад нæ зыдта, Уыд æнæхин, цардбæллон, рæдау. Каестæрты æфсымæр’ау рæвдыдта, Хистæртæн лæвæрдта уый æгъдау. Уымæй хорз лæг рауадаид царды, Уый зарджытæй фидыдта нæ уынг, Фæлæ иубон арвæй рахауд стъалы,— Лæппуйæн та ахуыссыд йæ зынг... Терк ма йæм ныр дæр кæсы æнхъæлмæ, Терк ма йæ ныр дæр фæрсы: «Кæм и?» Кæд фæзынид иуръйсом йæ хъæрмæ Æмæ йын «дæ райсом хорз» зæгъид. Мауал æм кæс, урсбарц Терк, æнхъæлмæ. Уымæн у дæ цурмæ згъорын зын, Уымæн æмæ арвæй рахауд стъалы, Лæппуйæн та ахуыссыд йæ зынг... СИДТОН Рабалц кодта æфсадмæ мæ бæстаг, Хæхтæ йын сæ урс сæртæй куывтой, «Даргъ æмæ зын уыдзæнис дæ фæндаг, Æмæ у ныфсхаст, лæппу!» — дзырдтой. 4 Гутон æм’æ стъалытæ 97
Уыд дзырддзæугæ йе ’мгæртты ’хсæн, куысты, Ничи федта сахъ лæппуйæ маст, Хъæубæстæ йæ хæдзармæ цыдысты, Сарæзтой йын кæрты астæу хъаст. Чызджытæ йыл амбырд ысты иууыл, Уый дæр сæм æфсымæрау дзырдта. Се ’ппæт дæр æм худтысты сæ мидбыл, Гъе, æрмæстдæр иунæг чызг куыдта. Уый дæрддзæфæй сахъ сидтонмæ касти, Бакъул кодта урс бæрзыл йæ сæр. Авд азы йæ сусæг уарзтæй уарзта, Æмæ ныр йæ сусæг уарзт фæхъæр! ИРОН ХÆСТОН ФÆСИВÆДЫ ЗАРÆГ Гъей, фæсивæд, тохы бон æркодта, Ирæттæм фыдыбæстæ фæсидт. Тохæй хъуысти сармадзанты богътæ, Тохæй хъуысти бомбæты æхситт. Базард: Нæ ныфс цытджын Уырыс уыдысты, Сæ фезмæлдæй фыдызнаг рызт. Сæ фарсмæ ирæттæ цыдысты, Æмæ сæ тохы зарæг хъуыст. Ахæм ирон чи ссардзæн нæ хæхты, Чи нæ райста знаджы ныхмæ кард? Ахæм къона чи ссардзæнис, хæсты Чи нæ радта ирæттæй йæ цард?
Базард: Бырстой домбай Цæдисы фыртТæ, Уыдис сæм ныфс æмæ æхсар. Уыдис иу иннæмæн æфсымæр, Уыдис иу иннæмæн хæлар. Базард: Абон дæр ма тохы уынæр хъуысы, Сусæгæй нæ зæрдæты цæры, Урссæр фыд йæ буц хъæбулты мысы, Сидзæргæс йæ иунæгыл кæуы. Базард: Фæлæ зæгъдзæн æрмæстдæр Рæстæг, Кæй зонынц ир’æттæ хæцын, Кæй уарзынц ирæттæ сæ бæстæ Æмæ сæрыстырæй мæлын! «** ТЕДЕТЫ ФОНДЗ ÆФСЫМÆРЫ ЗАРÆГ Фыдбоны поезд, дам, Беслæныл фæраст и, Беслæныл фæраст и, фæдисы уайгæйæ, Тедеты Кларæ йæ рæзгæ хъæбултæм Æнхъæлмæ куы касти, йæ цæссыг калгæйæ. Цæмæй йæ æмбæрста æнамонд сидзæргæс, Куыд уыдзæн йæ амонд, йæ хъысмæт куыд уыдзæн,— Йæ æхсæз хъæбулæн æрмæстдæр сæ иунæг Дыууадæс цæфимæ нæ Ирмæ фæзындзæн. Æнамонд сидзæргæс æхсæв дæр нæ хуыссыд, Æнхъæлмæ куы касти уæ амонд, уæ цинмæ, 99
Сымах та ныууагътат уæ ирон ыстджытæ Æцæгæлон бæстыл Кавказæй Бер’линмæ. Цы уды фидар уыд ирон сылгоймагыл,— Йæ мæлæты бонмæ нæ систа йæ саутæ. Ныр дардмæ фæйлауынц уæ афтид ингæнтыл йæ сау цырты фарсмæ уæ сау тырысатæ. *** КОЗЛТЫ ЦЬШПАР ÆФСЫМÆРЫ ЗАРÆГ Рассветы сæрмæ фыдбоны сау сынт,— Фашистон æрдонг æд удисджытæ, Козаты Косер мæлæты размæ Бæргæ басиды йæ тугисджытæм: — Цы фæдæ, Федыр, мæ хистæр хъæбул, Мæ фæстаг сахат дæумæ куы дзурын? — Ныббар мын, нана, мæ сæр* фæзæбул, Мæ туг нæ райстон, хатыр дæ курын. — Кæм мын дæ, Бачче, мæ кафаг лæппу, Фæзын-ма иу хатт нæ сыхы хъазтмæ,— — Габрисы хуызæн мæн дæр, Косерхан, Ызнаджы нæмыг лыстæг ыскарста. — Мæ гыццыл Гермæн, мæ кæстæр хъæбул, Дæуæй фылдæр æз куы никæй уарзтон... — Мæ мадызæнæг, æз уе ’ппæты туг Цъаммар ызнагæй дывæрæй райстон. Рассветы сæрмæ сæр’ибары хур Сæумæрайсомæй йæ тынтæ тауы. Æрмæст ма, Косер, дæ фыртты цыртыл Сæууон дидинæг йæ цæссыг калы. ***
###СÆРГÆНДТÆ Æ м д з æ в гæт æ Гутон æмæ стъалытæ 3 Мæ кæстæрæн . . . . . . . . _ «Мæ хорз æмгар, дæуæн дзурын мæ фæндтæ...». 4 Фыдызæхх — Поэтикон изæр 5 Фыдыбæстæ 6 Ирон — Æхсæрдзæнтæ 7 Мæ фæлтæр " . — «Лыстæг, æнæбазыр хъуыддæгты...» ... 9 Поэт ... — «Националист» . . 10 Зæронд нывгæнæг 12 Дыууæ поэты ’ 13 «Хæларæй фæцардыстæм иумæ...» ... — Мæ ахуыргæнæгæн 14 Ныхас Сальвадор Альендеимæ . . . . 15 Сæйраг конструктор 16 Фæззæг Уæллагкомы 17 Дыууæ цырты 18 Æдылыты æвзæрдæр . . . .. . . 19 «Афтæ ма ’нхъæл маст исынмæ ’мхиц дæн...» . 20 Мад — Хивæнд лæппутæ .21 «Де ’мбæлттæ дæ урс бæрзы бын бавæрдтой...» 22 «Искæд бон мæм удисæг фæзындзæн...» — «Царди лæг, æнæхинæй куыста...» . . 23 Зæронд фæдысгарæг 24 101
Советон Йрыстон ....... 24 ЗæхкусæджЫ сагъæс 26 Къостайы кар 27 Къоста _ Къостайы мысгæйæ 29 Къостайы фыд Леуаны монолог • • • • 30 Рох ингæн 31 Къостайы фарн 32 «Бирæтæ загътой: «У саулагъз, фыдуынд...» . _ Мæ сыхаг чызгæн 33 Æргом ныхас _ Ды мын дзырдтай . . . . . . 35 «Фæндараст. Хорз амонд ыссар...» ." ’ . . 36 Ирон салдаты писмо йæ хомæ _ Фыдæлты ’гъдау 37 Сæрибары зарæг 38 Розæ æмæ хæрæгсындз . . . . . 39 Аланты саударæг чызджытæ . . . . . 41 Æнæнтыст чызг • • 43 Алайнаг фæйнæгфарс лæппутæ .... 48 Зæронд хæстон 50 Хæрзбон, хæхтæ! 51 Поэты мæлæт 52 Уазджытæ 53 Балладæ араббаг сабийыл 57 Цавддур 60 Зæххон дзæнæт 64 Коммунарты ингæн 66 Ныхас парижаг иронимæ 67 Хæрзбон, Париж! 69 «Æмбарын м’ аххостæ, мæ азым...» ... 70 Æргомдзырд дæн . ...... 71 Асайдта салдат мæлæты — Заз бæлас 72 Æрвонг хъуыды 73 Цыртдзæвæн . ........ 74 102
Нæ кæстæртæй кæмæндæрты... ... 74 Æз уарзтон дæу... 76 Лæгдзинад æмæ намысы хъуыддæгтæ... __ Куы цæуай ды кæйдæр хæдзармæ 77 Зонын 78 Бирæгътæ 79 Зарджытæ Чызджы сагъæс 81 Иу изæр куы нæ фенай дæ уарзоны . 82 Сусæг уарзон — Уарзæттæ зарынц 83 Чызджыты ракодтам хъазтмæ .... 84 Уарзты дидинæг — Мæ усы мад 85 Хорз амонд ыссар 86 Фарны зарæг 87 Дыууæ зарæджы 88 Фæсмон фæкæна 89 Æндæримæ рæсугъд амонд ыссар ... 90 Сабитæ 91 Шофьгры зарæг . . 92 Цæмæн ма дæ мысын? 93 «Уыцы чызг æдзухдæр кодта худгæ...» ... 94 Хæрзбон 95 Æнæнтыст усгуры зарæг — Терчы маст 97 Сидтон __ Ирон хæстон фæсивæды зарæг . _ . . .. 98 Тедеты фондз æфсымæры зарæг . . -99 Козаты цыппар æфсымæры зарæг -100
Георгий Борисович Гагиев ПЛУГ И ЗВЕЗДЫ Стихи на осетинском языке Редактор С. 3. Хугаев Художиик Т. А. Кокаев Художественный редактор У. К. Кануков Техничеокий редактор А. В. Я Д ы к и н а Корректоры Б. А. То л п а р ов а, А. Ф. Годжиева ИБ № 837 Сдано в набор 03.06.82. Подписано к печати 05.08.82. ЕИ 00521. Формат бумаги 70х901/32. Бум. тип. № 1. Гарн. шрифта литературная. Печать высокая. Усл. п. л: 3,80. Учетно-изд. листов 4. Тираж 1000 экз. Заказ 10551. Цена 40 коп. Издательство «Ир> Государственного комитета Северо-Осе- тинской АССР по делам издательств, полиграфии и книж- ной торговли, 362040, г. Орджоникидзе. ул. Димитрова, 2. Книжная типография Государственного комитста Северо-Осе- тннской АССР по делам издательств, полиграфии и книж- ной торговли, 362011,. г. Орджоникидзе, ул. Тельмана, 16.