Text
                    Нæ равдысты фендзыстут
скульптор Дзбойты Михалы куыстытæ.
— ’ ’


Издается с мая 1934 года ЕЖЕМЕСЯЧНЫИ ЖУРНАЛ СОЮЗА ПИСАТЕЛЕИ РЕСПУБЛИКИ СЕВЕРНАЯ ОСЕТИЯ-АЛАНИЯ Главный редактор - Ахсар КОДЗАТИ Редакция Ответств.секретарь, проза — Борис ГУСАЛОВ Поэзия, драматургия — Казбек МАМУКАЕВ Общественный совет РусланБЗАРОВ, Гриш БИЦОЕВ, Анатолий ДЗАНТИЕВ, Фариза ДЗАСОХОВА, Елизавета КОЧИЕВА, Анатолий КУСРАЕВ, Наира НАКУСОВА, Камал ХОДОВ Владикавказ, 2003
ш т Джиппы уагъд цæуы 1934 азы майæ фæстæмæ ЦÆГАТ ИРЫСТОН-АЛАНЫ РЕСПУБЛИКÆЙЫ ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ Сæйраг редактор - ХЪОДЗАТЫ Æхсар Редакци Бæрнон секретарь, прозæ — ГУСАЛТЫ Барис Поэзи, драматурги — МАМЫКЪАТЫ Хъазыбег Журналы æхсæны уынаффæдон БЗАРТЫ Руслан, БИЦЪОТЫ Гриш, ДЗАНТИАТЫ Анатоли, ДЗАСОХТЫ Фаризæт, КОСТЫ Лизæ, КЪУСРАТЫ Анатоли, НÆКУЫСАТЫ Наирæ, ХОДЫ Камал Дзæуджыхъæу, 2003
НОМЫРЫ ИС: КЪАДЗА ТЫ Станислав. Фæринк. Æмдзæвгæтæ 5 АЙЛАРТЫ Измаил. Амонды фæндагыл. Уацау. Кæрон 14 БОЦИТЫ Алыксандр. Уарзты цин. Æмдзæвгæтæ 73 ТЕМЫРА ТЫДавид. Интермедитæ 82 ПЛИТЫ ГРИС: 90 АЗЫ Грисы фыстæджытæ Гафезмæ УИДÆГТÆ ДЖИОТЫИринæ. Рохуатæн æвгьау у «МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ АРВИСТОН ИРОН ПОЭЗИЙЫ АНТОЛОГИ 94 129 132 140 151 1881М-02-06-41-62 © Мах дуг № 10, 2003
КЪАДЗАТЫ Станислав ФÆРИНК ИРЫСТОН Бæлас куыд бæллы асмæ, Бæлон куыд бæллы бонмæ, Гъе афтæ æз — дæ тавсмæ, Дæ зæрдæйы æхсонмæ. Тъæнджы мæй кæрз куыд кæрзы, Куыд тæрсы тæрс зынг-уадæй, Гъе афтæ мæн æвдæрзы Дæ хъысмæты зынвадат... 2000 ЧИ ДÆН? ... и я был мой отец... Грегорио Скализе Мæ фыд дæн æз, мæ фыд — Йæ ныхæстæ, йæ цыд, Йæ зилæнтæ, йæ каст, Йæ зылын æмæ раст. Мæ фыд дæн æз, мæ фыд — Йæ фæндаг дæн, йæ зынг, Йæ уддзæф æмæ уад, Йæ æрдын æмæ фат. Мæ фыд дæн æз, мæ фыд — Йæ тухæн æмæ фын, Йæ тызмæг æмæ мыд, Йæ гуыххæл æмæ нымд.
Къадзаты Станислав Мæ фыд дæн æз, мæ фыд — Йæ фарн æмæ йæ хæсн, Йæ мæсыг æмæ цырт, Мæ фыд дæн æз Æмæ... мæ фырт... 2002.16.07 ’к * ’к Æмæ, дам, нæу нæ цард-рæстæг дывыдон - Кæд ма уыд афтæ галиу æмæ знæт! Цыхт лыг кæнын дæр чи нæ зоны, уыдон Куы лыг кæнынц нæ адæмы хъысмæт... Нæхицæн дæр æгæрон у нæ азым — Нæхæдæг сæ ныр цалæм хатт æвзарæм?.. * * * Цæхджын сайд уарзынц адæм, Дæ зæрдыл уый лæууæд, — Сæ цард нæ уыдзæн адæн, Куы нæ сæ сайой, уæд... 2003.24.04 * * * Цыдæр оцани у нæ маст, Куы стæм нæхи зæххыл дæр хаст. Нæ фæллой дæр фæллойаг махæн, 0 цас цот и Балсæджы цалхæн! Цы нæ æнтысы зинтæн, сихтæн? Кæнынц нæ къордтæ æмæ дихтæ. Нæ раны стæм, уæууæй, нæ раны — Хæрæфырт нал рæзы Сосланæн...
* к к Ирон æвзагæн иунæг бон куыд дæттут? Куы нæ йын ысты мин азтæ дæр фаг! Цæры ма уым нæ фыдæлты нæргæ дуг, Нæ фидæнмæ дæр уый кæны фæндаг. Æз та йæ уæдæ афтæ зæгъин абон: Уæд алы бон дæр не ’взагæн йæ бон! Уыдзæнис уæд æвидигæ нæ амонд, Йæ рухсæй ифтонг зæрдæ æмæ зонд. Уадз абуха нæ горæттæ, нæ хъæуты Æхсæв уа, бон æхсæрдзæнау хъæрæй! Ныхаса сасмау сомбоны фæлтæрты, Æнæ уымæй ирон адæм дæр нæй. 2003.28.03 * ’к ’к Россия не страна, а жспериментальная лаборатория Господа Бога. Н. Бердяев I Куы уыдаид афтæ, бæргæ! Уæрæсе уæд уаид нæргæ, Ныр та нын идæдзау — кæугæ... II Уæд нæ бæстæ ахæм уаид, ау? Уал хатты куыд фæрæдыд Хуыцау?! Иу фæлварæн иннæмæй — фыддæр, Нæ, нæ бæллæх махæн у æндæр: Нæу нæ паддзахад Хуыцауы хъан — Ам фæлварæнтæ кæны Сайтан... 1997
Къадзаты Станислав * ’к ’к Нæ тых, нæ цард тыхцæрдтытæн — æвгъау, Фæлæ рæстмæ кæй нæу нæ рæстæг, Кæй тæхынц рухс бонтæ нæ рæзты, Уым хъуамæ мах нæхимæ хæссæм фау: Мах домæм алцы иннæтæй æрмæст, Нæ сæрмæ схызтысты нæ бартæ, Нæ уарзт, нæ хæстæ сын — цагъартау, Айдагъ нæхицæн уарзы хорз нæ цæст. Нæ тых, нæ цард тыхцæрдтытæн — æвгъау, Фæлæ хуыздæр аккаг нæма стæм, Æндæра нæ уыны, бæргæ, Хуыцау. Нæ зонæм бæрц нæ цин, нæ мастæн — Тæраз нын нæу нæ фыдæлты æгъдау Æмæ уæлæрвты фыдæх райстам. 1995.24.09 ФÆРИНК Я меч, я пламя. Гейне I Нæ фыдæлтæм уыди фæринк — Рæстдзинады нæрæмон цирхъ. Цыма æрвон дзырд у «фæринк», Кæны йæ алы мыр дæр дзинг, Куы басгуыхт иунæг дзырдæй гимн Рæстад, Сæрибар, Рухс, Æхсарæн. Цъæх фæтыгæй у конд зынг-цирхъ, Сæууон хурау æрвыг у, ирд Æмæ йæ Фарны къух ыссарæд! Фыдæхæн макуы суæд æрми!
2^ II Нæ фыдæлты фæринк, Дæ тæмæн нын æри! Æмæ мылазон тар Фæсурæм уымæй дард. 2003.30.07 * * •к 0, где ты, мать людей, — Любовь? С. Клычков Цæй Уарзт ма ныр, цæй мад! Фыдæх-фыдыус ныр йæ бæсты. Тымыгъæй ивы уад Æмæ та уад — тымыгъы фæстæ... Куыд уа хуызæнæн цард? Куыд цæрой сидзæртæ æдæрсгæ?.. 2002.01.05 ИУНÆГ МАДЗАЛ Ацы уарынтæй мын хус сæн — Тавсæн, фервæзынæн, рухсæн. Науæд уымæлы, мылазы Уд йæхи дæр ма нæ уарзы. Донластæн æвдадз у хус сæн, Аизæр дзы зæдау буц дæн. Рауадз-ма йæ, дзагдар, къусы, Анхъæвза сыгъзæрин рухсæй... 2002.20.05 ЭЛЕГИ I Æз уынын, куыд мæ ныгæнынц, уый — Белтæн у æвæндонæй сæ архайд... Халæттæ дæр нал кæнынц æййи, Бамбæрстой — сæ цин æгæр зынаргъ у...
Ло^^^г>* Къадзаты Станислав Судзы миты мингагуы цырагъ, Сау ингæнмæ цæстæнгас ыздахы... Слæууыди мæ сæрмæ урс цырт, даргъ, О, фæлæ йæ аууон ноджы даргъдæр... Цырты уæхскыл бандзыг ис дæ арм, Ардæм дæр æнкъарын æз йæ хъарм... II Изæры фæлм уæлмæрдтыл æрбадт, Бацахстис уæлахсæгау æрхæндæг. Обаумæ æртахт æнахуыр маргъ, Уый мæ сидзæр Музæ у йæхæдæг... 2003.23.10 * * * Нæ мæ хъæуы сыгъзæринты кæри — Мæ рагбонты цъæх обау мын æри! Куыд дзы тулон лæппын арсау хъылдымтæй. Уынон та хъалæй алæмæты фынтæ. Кæм цæгъды изæр стъалытæ æхсонæй, Кæм мæм сиды мæ мад хъæмæ мæ номæй... Кæм аразæм мæ фыдимæ уæрдон, Фыццаг зæгæл бæгуы лæгау къуырдтон. (Дзæбуг-цæфтау мæ зæрдæ дæр тæлфыд, Тызмæгæй мæм куыд фæлмæн уыд мæ фыд!..) Кæм у нæ сых мызул дыргъау æнгом, Кæм ма сты арвау зæрдæтæ æргом. Кæм дих кæнынц сыгъд къæбæр дæр æппæтыл, Кæм ма стæм Хуры Церечы хæдæтты... Кæм нын уыди пысыра-сыгъд дæр худтæн, Кæм ма сты суадонау сыгъдæг нæ удтæ. Кæм нæма у нæ амонд мур дæр къахыр, Нæ хъултæ иууылдæр кæм бадынц сахтæ... Ныууадз! Нæ мæ хъæуы налхъуыт-налмастæ, Фæлтау мын ратт мæ рагбонты цъæх тавсæй!.. 2003.24.01
ФÆРИНК <:^^^й СÆУУОН НЫВ Хæлуарæгтын — гамакау — Дыууæ къалиуы ’хсæн. Фæлæуу-ма, ирдгæ, ма кæн — Рæвдаугæ ’внал, фæлмæн. Сæуæртæх ыл цупæлттæй Кæны фынау зыр-зыр, Цы цæхæртæ, цы зæлтæ Фæйнæрдæм калы ныр! Сæуæртæх — арвы хуртуан, Сæуæртæх — цины ронг, Уæлтæмæны — дзындз-муртæ Кæнынц нæ удтæ ног. 2001.15.09 * * * Фæстаг заманы Иры Æдзæрæг хъæутæ — бирæ, Фæлæ дзы рувæстæ уæддæр Куы разынд ноджыдæр фылдæр. Ныр нæм æлдары уæлæ — ’лдар, Цæй, марадз, се ’ппæты фæдар!.. 2001 •к ’к ’к — Кæмттæй цавæр уарзыс ды фылдæр? — Агуывзæйы комæй нæй хуыздæр... — Цавæр уарзыс æвзæгтæй та, цæй? — Галы ’взагæн дзы æмбал куы нæй, Ехх, цæхдонимæ, фæлмæн фыхæй!.. 1997
{(Т^^ь^ Къадзаты Станислав ТЫХ-ПОЭТÆН — Куыд рауадис мæ фæстаг чиныг, цæй? Цæуыл дзы ’рхæцыди дæ цæст? — Дæ чиныджы æмдзæвгæтæ куы нæй — Эпиграфтæ дзы ис æрмæст... ТÆХУДИДÆГÆЙ I Дуне у рынчын футболæй, Фæлæ сдзæбæх вæййы голæй... II Афтæ куы уаид, тæхуды, бæргæ, Спортау уæд уаид нæ цард дæр нæргæ!.. ТЕЛЕВИЗОР Æрвыг у телевизорæн йæ цæст, Фæлæ дын æз зæгъын йæ азым — Йæ æрвыг цæст нын арвы цъæх нæ уарзы... * * * Куыннæ кæна арæх Уый марой, цъæхахст — Йæ лæджы йын арахъхъ Æркодта цъæх ахст!.. * * * Йæ дзырдæй дарддæр хицау У алцæмæн дæр хицау... * * ’к Бæрзондылбадæг, цас быхсыс хæрам? Æви дæуæн дæр бафыстой гæртам?.. * * * Чи фæкалы дон æдзухдæр искæй артыл, Нуазынæн-иу уымæн мауал уæд æртах дæр!..
Т&& ’к -к ’к Дзæнгæдайæ куы зиликкой куырæйттæ, Уæд иудадзыг нæ куырой зилид гъæйттæй. ’к ’к ’к Сæ сæрыл хæцыс хицæуттæн æдзухдæр. Куы сын хæцис фæлтау сæ къухтыл... * * -к Азасыфтæ уæлæуыл нæй, Фæлæ цæмæн хъæуынц бынæй?.. СÆЙРАГ ФАРСТ Дæ номы размæ, о мæ уарзон Ир, Кæд нал уыдзæни «Хуссар», Кæд нал уыдзæн «Цæгат»? Ау, иудзинады рухсæн Нæ зæхмæ нæй фæндаг? Æви дæ хъысмæт никуы уыдзæн ирд, Æви дæ зæрдæ никуы уыдзæн иу? 2002.23.09 ÆУУÆНК О мачи мыл фæхудæд — Æмбырд кæнын æртхутæг! Нæй арт, нæй пиллон, нæй цæхæр, Фæлæ нæ сæттын æз уæддæр — Тæпгай æмбырд кæнын фæнык, Уым банорстон æууæнчы зынг. Фæныкдзуан зилын зæххыл, Цæуын, цыма æртæхдзуан. Уырны мæ мæн, уырны — Æз уыцы уысм уынын — Фæныкæй Феникс стæхдзæн!.. 2003.05.08
АЙЛАРТЫ Измаил АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ ЦÆРЫНÆНДÆР УАВÆРТÆ, КУСЫНÆН ДÆР Уацау* ард куыстæй фæрæзджын у, æгуыстæй цæрæнтæ нæй. Сæрысуангæй адæймаджы цард баст æрцæуы райгонд куыстæгты æфти- æгтыл, фæлæ кусынæн дæр фадæттæ хъæуы, цæрынæн дæр. Æвадатæй фыдуавæрты куы- стытæ æмæ цæрдтытæ вæййынц удхæрæнтæ, удмарæнтæ. Сæрибары, бархийы хидгуысты фæллæйттæ цасфæнды кадавар ма уæнт, уæддæр сæ удхъомысы ахадæнæй бирæ бæркад и. Бæркад та канд гуыбыны æмæ уæлæйы хардзæн нæ, бæркад сæрызонды æмæ зæрдæйы хорзæхы хардзæн дæр. Хуыцау адæмы куы фæлдыста, уæд æппæтæй мæгуырдæрæн радта удæй мæ- гуырты, зондæй цухдæрты, æмæ уыдон цы- фæнды æфсæстæй, арæзтæй дæр бæллиц- цаг не сты, стæй сæ азымы бадарæн дæр нæй. Фæлæ удæй æххæст, зондæй тыхджын адæмтæ рæстагæй, хæларæй, уарзонæй мæгуыр куы цæрой, уæд уый у хъыгаг. Гæвди уæлдæр ахуырад райста, кусы ахуыргæнæгæй. Йæ сæйрагдæр бæллиц сæххæст, уæддæр йæ ныфсæвæрды райгонд хъуыдытæ райгуырæн уæзæгæй фæхицæн нæ комынц. Æхсæвæй, бонæй уæлмонцдæр нысанау цæстытыл уайы комбæсты хуыз. «Мах дуг», 2002 аз, 6 æмæ 7 номырты, 2003 аз, 9
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ Г^^^Т5) Фынтæ куы уына, уæддæр хæхбæсты фесты. Ахуыргæнæгæй бакусынæн ын дзы фадат куы уаид, уæд æй никæцы райгонддæр цæрæнбæстæй баивид. Фæлæ фæсхох, фæсæфцæг йæ хъæубæстæ Иры цин æмæ мастæй иппæрд аззад, æмæ ма дзы кæимæ цæй ныфсæй цардæуа?! Сыхаг кæмттæ дæс азы дæргъы федзæрæг сты, хæстæг-хицон æввахс нал и, рох уæлмæрдтæ ма фæндаггæттæн сæ тæригъæдтæ хъарынц... Цы- быр ныхасæй, йæ уарзон хъæубæстæ се ’мтуг, се ’мыстæг ирæттæй иртæстæй аззад фæсæфцæг æмæ хæдзаргай ли- дзынвæнд скодтой быдырмæ. Лидзынæн та ныфсимæ хъæуы дзæвгар æфтиæгтæ. Бындурон цæттæ хæдзарæй сыст æмæ æндæр бæстæм фæлидз, уæд уымæн цæрыны уавæртимæ хъæуы стыр амонд. Иутæн фæрæстмæ вæййы сæ фæлыгъд, иннæтæн — нæ, æмæ æнамæндтæ хауæггаг свæййынц арвæй зæххы ас- тæу... Хъулгъайы зæххыл хæхбæстæй ралидзæг ирæттæ искуы иугæйттæй фæстæмæ æрбынæттон сты. Куыстдзагъдæй, куыст- уарзонæй бавнæлдтой хъæздыг зæххыл бынтæ-фæллæйттæ кæныныл, цыма рагæй фæстæмæ сæ райгуырæн уæзæг уыди. Дæс азмæ хъулгъайæгты хæдзæрттыл бафтыди ног бæстыхæйттæ, фæндæгтæ фæлæгъздæр, фæуæрæхдæр сты. Æнахуыры хъамылгæрдæг фæкъаддæр. Сарæхдæр сты скъола- ты, рынчындæтты, сывæллæтты рæвдауæндæтты æмæ æндæр æхсæнадон бынæтты бæстыхæйттæ. Хъулгъайæгты заманты ацы зæххыл паддзахады, æхсæнады номæй иунæг бæстыхай дæр нæ уыд хор æфснайынæн, ныр æхсæнадон хордæттæ сарæх сты, зыррытт кæнынц æхсæнадон долапи куырæйттæ. Цæвит- тоны хъуыддагæй, Хъулгъайы уæлхох быдырты ног цæрджытæ советон адæмы номæй сæ хидвæллойы куыстæй коммунистон æхсæнад аразынц, æмæ ма чи у æнхъæл, тыхсырд-тыхтард хъул- гъайаг адæм искуы фыдыуæзæгмæ фæстæмæ æрыздæхдзысты, уымæн?! Фæрсæгау чи ской кодтаид уыцы дызæрдыджы хъуы- ды, уый дæр дзырддаг-койаг фæуыдаид, адæмы ныфссæттæн, æхсæнадон рæзт къуылымпыгæнæн ныхæстæ кæны, зæгъгæ. Гæвдийы бинонтæ хæстæджыты-хиуæтты ныфсæвæрдæй æцæгæлон зæхмæ лидзынвæнд куы скодтой, уæд сæ мад бака- тай кодта æмæ афтæ зæгъы: — Æз уын ацы кары даринагæй уæзы хос дæн, æндæр ма цы мæ бон у, фæлæ сымах хæдзардарджытæ стут æмæ дзæбæх ахъуыды кæнут, цæй сæрæн чердæм лидзут, ууыл. Хъулгъайæгты
Айларты Измаил бæсты цæрыны фадæттæй æппæлынц, фæлæ кæйдæр зæхх у. Йæ адæмы йын тыхсырд фæкодтой, æмæ уыдоны тæригъæд афтæ фесæфа, уый мæ нæ уырны. Искæдбон сæ фыдызæхх куы агурой, уæд хауæггаг фæуыдзыстæм... — Дæс азы дæргъы уыйбæрц адæм кæм цæры, уырдæм ма Советон хицауад хъулгъайæгты фæстæмæ цæуын уадзы! — нæ фæцыди мады ныхас хистæр æфсымæры зæрдæмæ, æмæ стыр аргъæй балхæдтой Атагъайы хъæуы кæйдæр æрдæгарæзт уæ- ладзыг бæстыхай... Тулаг дурыл хъуына нæ хæцы, зæгъгæ, фыдæлтæй æмби- сондæн баззад, æмæ куыд раст хъуыды кодтой. Æфцæджы сæрты фыдæлты бынтæй Гæвдийы бинонтæ цы хъуамæ ралас- таиккой бæхуæрдонæй? Диссаджы бæстон арæзт уæладзыг хъæдын бæстыхай æдзæрæгæй баззад фыдæлтыккон кусæн- дзаумæттимæ. Фосæй сæм цы уыди, уыдонæй ма æртæ стуры æмæ дæс фысы ныууагътой, иннæты аргъæй балхæдтой кæйдæр æрдæгконд бæстыхай фæззæджы къæсæрыл... Ногæрлидзæг, ногхæдзаргæнæг æмæ ногуæрст бинонтæй чи тыхстдæр вæййы, уый бæрæг нæй. Нæ сугæй, нæ хорæй — рæвдздæр, афтæмæй Гæвдийы бинонтæ сæ ног хъæубæсты симды бацыдысты, æмæ ирон æгъдæуттæ домаг сты. Сыхы, хъæуы фæтчы нæ цæуыс, уæд — æгад, ис дæм, нæй дæм, уымæй дæ ничи фæрсы... Ногæрлидзæг бинонтæм фæкæсыны хъуыдыйæ Гæвди кусын райдыдта Атагъайы хъæуы астæуккаг скъолайы дыккаг ахуыры азы райдайæны, æмæ ныххал сты æнæвдæлон бонтæ, æхсæвтæ. Æхсæвыгæтты цæттæ кæны уроктæм, боныгон райсомæй фæсси- хормæ — скъолайы, стæй — хæдзары куыстæгтæ. Фыссæнгæрз- тимæ ерысы бацыдысты кусæнгæрзтæ фæдисоны архайдæй, æмæ афæдзмæ æрдæгарæзт уæладзыг йæ хуыз скалдта... Цард иугæндзоны адджынæй диссаджы хивæнд у. Хуымы цы гал хуыздæр хæца, уымæй фылдæр домынц гутондар æмæ сæрылхæцæг. Бинонты астæу æнæзивæгдæрæй, зæрдиагдæрæй чи куса, уымæн — фылдæр хæстæ, æмæ уыйадыл йæ рæдыдтæм, йæ къуыхцытæм дæр вæййы фылдæр хъусдард æдде кæсджытæй. Гæвди ногхæдзаргæнæджы куыстæгты цас фылдæр аныгъуылди, уыйбæрц æм скъолайы разамонджытæ сæ цæст тынгдæр дарын райдыдтой. Ахуыры хайы сæргълæууæг ма хи- уылхæстдæрæй домы куысты уаг, фæлæ директор æнæсæр ба- рæджы митæй куы кæм алæууы йæ разы, куы кæм æмæ цыдæр сæрбæрзондæй дзуры, уæлæуæзæй кæсы. Иумæ кусынц, иу
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ хъæуы цæрынц æмæ кæрæдзийы ма æмбар! Йæ саукуысты фæлысты йæ фена, уæддæр æнæрвæссон худт бакæны, йæ сыгъдæгдæр дарæсы скъолайы кæрты балæууа, уæддæр... Лæджы æмбис карæй чи фæуæлдæр, ахæм. Бæрзонд хæрз- хуызтæ лæг. Æрыгонæй уындджын-кондджын уыдаид, фæлæ ныр цæуы дæрдджын хæстон дарæсы цыдæр æнæфснайдæй. Дæтты истори, æмæ йæ къухы амонæн лæдзæгæй уæлдай гæххæтты гæбаз нæ фендзынæ нæдæр урокмæ цæугæйæ, нæдæр урокæй рахизгæйæ, афтæмæй — домаг. Домаг, зæгъгæ, коллективы иумæйаг уагæвæрды домæнтæй нæ, йæхи зæрдæмæ чи нæ цæуы æмæ йæ дзырдыл алкæд разы чи нæу, зилы уыдоны фæстæ. Ноджы йын ахуыры хайы сæргълæууæг æгæр коммæгæс фæци, æмæ уый фæрцы ахуыргæнджыты «рæдыдтæ» амбырд кæны сæрмагонд ныхасæн. Мæйы бонмæ Гæвдийы уроктæм бауæд- тытæ кодта, фæлæ цæмæндæр хъусæй лæууыд: нæдæр хорзæй исты зæгъы, нæдæр æвзæрæй. Иуахæмы скъолайы кæрты фæдзурыныл сты. Директор фæззыгон хуры фæлмæн хъарммæ бæласы бын фæхсбандоныл бадти æмæ йæ дæндæгтæ æхсны- фы схъисæй схъаудта. 'Асхъауы дæндæгтæ æмæ та схъауæнтæм басмуды. Уый йын фыццаг хатт нæ уыди, фæлæ-иу Гæвди дæр иннæ ахуыргæнджыты хуызæн йæхи æнæуынæг скодта. Ацы хатт æм фыдбылызæгау хæстæджыты бацыд, æрлæууыд йæ разы кæстæры уагыл æмæ йын дæ бон хорз загъта. Уый бахудти æмæ афтæ зæгъы: «Дæ бæрæгбоны дзаумайы дардмæ мæ цæстытыл ауайы иу ахæм зонгæ. Дæуæй гæзæмæ хистæр уыдаид æмæ бонæн ног дарæсы цыди скъолайы куыстмæ. Йæ сау цырыхъхъытæ хурмæ æрттывтой фырсыгъдæгæй, уроктæ кæнынмæ та нæ арæхст... — Чидæр кæмдæр уроктæ кæнынмæ нæ арæхсти, афтæмæй йæ куыстмæ ног фæлысты аивæй цыди, уый мæнмæ цы бар дары? — афарста йæ комкоммæ æваст. — Дæуæн дæр дæ ирд цырыхъхъытыл уаргæ боны дæр цъыф нæ хæцыу — æркæстытæ йын кодта йæ къæхтæм, йæхæдæг мидбылты æнæрвæссоны худт бакодта. Гæвдийы цыма йæ мидсих басхуыста, уый хуызæн æм хæстæгдæр балæууыд æмæ йæ фæрсы: — Уыцы зонгæ ма йæ сыгъдæг дарæсы кусынмæ куы арæхс- таид, уæд æм ницыуал хъæн ссардтаис? — Ницыуал, сæйрагдæр куыст у! — йæ ныхасæн æвдисæны лæууæгау ма разыгондæй сæр банкъуыста. 2 Мах дуг № 10, 2003
щГ^^чс^ Айларты Измаил ^-^^^^^5^ — Куыстытæ бирæ сты, стæй адæм æмхуызон никæцы куыс- тагмæ фæцарæхсынц, фæлæ махæй царды æцæг хъæр чи цас растдæр æмбары, уыйбæрц хаты куысты дæсныйад дæр. Ахуыр- гæнæджы куыстыл куы дзурæм, уæд та иннæ куыстытæй у бирæ вазыгджындæр æмæ бæрнондæр. Цыфæнды дæсны ма уæд уроктæ дæттынмæ, уæддæр æнæфснайдæй, æдзæлгъæдæй ахуырдзауты цæсты нæ ахады, нæу сын фæзминаг. Хатыр бакæн! Иуæй хистæр дæ, иннæмæй скъолайы разамонæг æмæ ды махæн алцыппæтæй дæр хъуамæ уай фæзминаг. Æнæ уæлдай гæххæттытæ æмæ чингуытæм кæсгæйæ уроктæ кæй кæныс, уый де стыр дæсныйадыл дзурæг нæу. Уæдæ зæронд дæрдджын дарæсы кæй цæуыс æнæфснайдæй, уый та — худинаг. Ацы æнтæф боны нымæтын цырыхъхъытæ скодтай, афтæмæй бæласы аууон бадыс æмæ дæ дæндæгтæ схъауыс. — Кæс-ма, куыд æгъатыр дæ! Мæ къæхтæ хæсты бонты фæсахъат сты уазæлтты æмæ сæрды тæвды дæр нал тæфсынц, — цыдæр æнæбон хъæлæсыуагæй дзурын райдыдта директор, фæлæ Гæвди æргом ныхасы сæр райста æмæ йæм хистæрæн фæхатыры фæндон нал разынд: — Фæсфæдæй иумæйаг куысты фæдфæливæнтæй чи архайы æмæ счъилы нуæрттæ чи уадзы сусæгæмхасæнтæй, уыдонæй æргомæй дзурджытæ æгъатырдæр æмæ æнауæрдондæр никуы уыдысты. Цалдæр хатты уыдтæ мæ урокты æмæ сæ уæлвæд хорзырдæм дæр никуы ницы загътай, æвзæрырдæм дæр. Мæ фæсфæдæй та — арыд æмæ стъæлд!.. Гъемæ кæд уыйас дæсны разамонæг дæ, уæд дæ уроктæм лæмæгъдæр, æвæлтæрддæр ахуыргæнджыты бахон æмæ сæ раззагдæр фæлтæрддзинадыл сахуыр кæн. — Рацæут мæм, табуафси, — сабырæй дзурыныл ма архайы, фæлæ йæ фырмæстæй афæлурс, йе ’рфгуытæ фелхынцъ сты. Йæ дæндæгтæ схъауæн суджы схъис иуварс аппæрста æмæ йæ фæдыл ату кодта, йæхæдæг ма развæлгъауæй хи растгæнæгау ныхасыл бафтыдта: — Æрмæст дæуимæ нæ уроктæ кæныны фæтк бынтон æндæр у, æмæ нæ ныхас кæрæдзиуыл куынæ сбада. — Методикон уагæй æмхуызон уроктæ чи кæны, ахæм дыу- уæ ахуыргæнæджы нæй. Алы ахуыргæнæг дæр архайы куысты иумæйаг домæнтæ æххæст кæныныл, фæлæ йæм хъуамæ уа йæхи дæсныйад, йæхи цæстæнгас, æнæ уыдонæй уæвæн нæй ахуыргæнæджы сæрмагонд фæлтæрддзинадæн сфæлдыстадон хуызы, — бавнæлдта хъомыладон фæрæзтæм...
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ Скъолайы разамонджыты уроктæм байхъуыста Гæвди ахуыр- гæнджытæй кæйдæртимæ æмæ се ’взаргæйæ æргомæй йæ хъуыдытæ загъта кæм иугъæдоны райгондæй, кæм та къуы- лымпытæ, рæдыдтæ хынцгæйæ, фæлæ дыууæ хуызы хатдзæг- ты дæр иннæ ахуыргæнджытæй йæ фарс рахæцæг нæ разынд. Æнахуыр æппæлæн ныхæстæй разамонджытæн былдауæнтæ фæкодтой, æмæ Гæвди фæззыгон хæтæлау иунæгæй аззад. Фæлæ уæдæй фæстæмæ скъолайы дыууæ разамонæджы бæрæг хиуылхæстдæр фесты, æвæццæгæн сæм хибарæй ныхас рауад ног ахуыргæнæджы тыххæй, æмæ уæлдай æфхæрæн дзырд нал схауд сæ дзыхæй. Директор фæззыгон хъарм бонты рогдæр, тæнæгдæр дарæсы цæуын райдыдта. Йæ дæндæгтæ схъауын дзы цыма рох фæци, афтæ йæхиуыл фæхæцыд. Фембæлгæйæ æнæ уæлдай æппарæн, къахæн ныхасæй салам дæттыныл ар- хайы. Афæрсы хабæрттæй аудæн цæстæнгасæй. Фæлæ йыл Гæвди афтæ æнцонтæй кæм баууæндыдаид, фыццаг хатт мыййаг куынæ сæмбæлд дæлгоммæгæсæй цурон æмæ козбау адæйма- гыл. Адæймагæн хорзæй, æвзæрæй йæ ахуыртæ æнцон ныу- уадзæн не сты. Рæстагæй куыстуарзонæй адæймаг æргомныхас у. Фыдæхгæнаг та фæдфæливæнтæм — дæсныдæр... Уæдæ цу- рон æмæ цæстмæхъусæй чи архайы, уыдон бахъуыды бон кæрæдзийæн æвдисæн алæууынц, æмæ фылдæр адæм — æхсæнады ном хæсджытæ!.. Иунæгæй лæг цасфæнды рæстаг ма уæд, йæ фарсмæ балæууæг нæ фæци бахъуыды бон, уæд æй бирæйæ мæнгæй, фæлывдæй дзурджытæ сæ къæхты бын акæн- дзысты... Ноджы Советон Хицауадæн йæ хъомыс сæрæй бынмæ, райдайæнæй кæронмæ æнцайы æхсæнадон бындурыл, æмæ дзы фидары æууæнкæн басгуыхы фылдæр адæмы фæндон, цыфæнды рæдыд куы кæной, уæддæр. Æхсæнады сæргъы куыд бынмæ куыдзы лæдзджытæ куы сæвæрой, уæддæр сæм хъус разамонджыты бынаты. Разамонджытæ та искуы иуæй фæстæмæ — партийы уæнгтæ, æмæ иу партиуонмæ куыд бай- хъусой куыдуæлдæрæй хицауад, афтæ сæдæ æнæпартионмæ нæ байхъусдзысты. Партимæ та, цы йæ сусæг кæна Гæвди, ацы фæстаг азты исын райдыдтой фылдæр дзырдхæсджытæ æмæ магусайæ цардаразджыты, æмæ йæм уый фæдыл йæ хæстæгдæр æмбал Хасанимæ дæр быцæу ныхас рауайы. Куыд фæстагмæ кæрæдзийы азымтæ дæр нал басусæг кæнынц: — Æргом ныхасы къæм нæй, — сабырæй дзырдта Хасан, — фæлæ алкæимæ алы ран æргомæй дзурын пайда нæ хæссы.
(^20^*^^«- Айларты Измаил ^^йы$5ЙЗ; Дæхæдæг мын — æвдисæн, де ’ргом ныхасы тыххæй цас мæстытæ федтай æмæ фыдæбæттæ бавзæрстай, уыдонæн ба- нымайæн дæр нæй, æмæ кæдмæ афтæ уыдзынæ?! — Цалынмæ цæрон, уæдмæ. Цы бон сисон мæ къух царды рæстадыл, уыцы бон амардтæн. — Мæнмæ афтæ кæсын райдыдта фæстагмæ, цыма æнæу- уæнк, фæлывд адæм азæй-аз фылдæр кæнынц. Цы — ахуыры бонты, цы ныр — кусгæйæ кæрæдзийæн былдауæнтæ, цæстмæмитæ. Былтæ æнкъард æмæ хъæлдзæг зæрдæйæ зианы бон — тæфæрфæстæ, худæнбыл æмæ æнæуынонæй — цины заман хъæбыстæ... — Чи цы аккаг у, уыцы хæрзты йын нæ цæуыс, уæд æвзæртæ хæцгæ низтæй хъауджыдæр не сты фыдуавæрты фылдæр кæнынц. Алæджыхъо æмæ Акбар райдайæнты зынгæ дæр нæ кодтой институты ахуыр кæнгæйæ, фæлæ куыдфæстагмæ сæ хъузæттыл бафтыд, æмæ æхсæнадон къорды номæй сæ хуыз равдыстой, æхсæнады уынаффæдонмæ фæндæттæ хæсгæйæ. Ныр скъолаты дæр фенæн ис уыдоны хуызæн ахуыргæнджытæн, æмæ стыр диссагæн, сæ фарс рахæцынц æнæхъæн коллективтæ уæлдæр хицауады хъусдардæй. — Царды уыцы быцæутæ мах хатын райдыдтам æрæджиау, æндæр уыдысты махæй размæ дæр, æмæ нын дарддæр куыд цæргæ у, уый — сæйраг хъуыдыйаг. Иугæндзоны хивæнд æмæ æргом ныхасæй нæ куыст рæстмæ ацæуа, уый мæ нæ уырны. Кæмдæрты нæхæдæг дæр рæдийæм, куысты фæлтæрддзинад нæм нæма и æхсæнады домæнтæн дзуапп дæтгæйæ. — Ды партион дæ æмæ иумæйаг домæнты æвдисæны дарыс. Хъыг дын ма уæд, фæлæ цы сты уыцы домæнтæ? — Куысты фылдæр адæм цы бауынаффæ кæна, уый æххæст кæнын, — цыбырæй дзурыныл архайы Хасан, фæлæ Гæвдийæн, карз дзуары бын ард хæрæгау, æууæнчы рæстадæн фехалæн нæ уыди æмæ домдта æргом куыст æхсæнады пайдайæн: — Æппæты разæй бамбарын хъæуы, уый, æмæ æхсæнад арæзт у хицæн адæймæгтæй. Скъолайы куыст та канд ахуыр- гæнджыты æрвылбоны архайдæй ифтонггæнинаг нæу. Скъолайы куыстмæ æхсæнадæй, ныййарджытæй хъусдард нæй, уæд ны- выл йикуы уыдзæни. Иу æмæ дыууæ ахуырдзауы нæ фæвæййы каст тынг хорз бæрæггæнæнтимæ астæуккаг æмæ уæлдæр скъо- латы мæгуыр удыхъæд æмæ фыдгæнды миниуджытимæ. Иннæрдæм æй куы зæгъæм, уæд та лæмæгъ зонындзинæдтимæ
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ ,^^^ТЙ бирæ рæзгæты удыхъæды бацæуы царды рæстад æмæ æхсæнадæн пайдайаг адæймæгтæ свæййынц... — Уыцы хъуыдытыл æз дæр разы дæн, фæлæ тыхдомдæй царды хæрзтæн нæй ссарæн, тыхфæлгъуыдæй кад æмæ радæн нæй агурæн, уымæн æмæ мах стæм адæмы иу хай, æмæ уыдонæн ис иумæйагæй паддзахадон уагæвæрæд барадон тыхæй. Сывæллон цыфæнды лæмæгъ куы ахуыр кæна, цасфæнды куы хала скъолайы иумæйаг æгъдау, уæддæр ын урокæй рарвиты- ны бар нæй, стæй йын æвзæр бæрæггæнæн дæр ма сæвæр ахуыры цыппæрæм хайы зонындзинæдтæ хынцгæйæ æнæ скъолайы ра- замонджыты бардзырдæй. — Цыбыр ныхасæй, кæй уæрдоны абадай, уый зарæг кæн, науæд фистæгæй цу. — Афтæ у хæрз цыбырæй скъолайы куысты уавæр, æмæ иумæйаг уагæвæрдыл разы чи нæ вæййы, уыцы ног ахуыргæн- джытæм тигъмæ фæкæсынц скъолаты разамонджытæ мæнæ мах хуызæн. Ныридæгæн нæ æнæсæттонтыл банымадтой, — фæрсæджы каст ма бакæны Хасан Гæвдимæ, фæлæ уый хъы- гылдзырд Хуыцауимæ дæр нæу. Растыл цыдæриддæр нымайы, уыцырдæм здæхт у. Хасаны загъдау, Гæвди йе ’ргом ныхасы тыххæй цы зындзинæдтæ æмæ æфхæрдтытæ баййæфта, уыдонæн банымайæн дæр нæй, фæлæ сыл сенгондæй фæсмон дæр никæд æркодта. Иу уыди, æмæ институты ахуыры азты йæхицæн знæгтæ сарæзта Додынтæ æмæ Качыры хуызæттæй. Уыдон та бынтон сæхи зондæй нæ архайдтой, Акбартæ æмæ сын Буцæтæ ссыр æвæрдтой. Гъемæ уал тæккæ хъæдæргъæвæны йæ иу ахсджиагдæр бæллиц фæсыкк. Цыппæрæм курсы фæ- уынмæ хъуамæ партийы уæнг суыдаид, æмæ йын йæ æвдисæн- дарты гæххæттытæ чидæр æмгъуыды размæ бон æрбайсæфта. Ныр та ногæй сфæнд кодта партимæ бацæуын, фæлæ йын скъо- лайы куысты къаддæр цæлхдуртæ нæ разындзæни, уый рага- цау хаты, уæддæр йæ фæнд нæ ивы. Йæхицæн уæлдай ном æмæ кад скæна, уый тыххæй нæ цæуы адæмы раззагдæр рæнхъытæм. Хицауы бынатмæ дæр нæ тырны. Фæнды йæ партийы уæнг суæвын æрмæстдæр иу хъуыддаджы тыххæй: партионы номæй кæд æнцондæр уаид царды рæстадыл дзу- рынæн. Йæ фæндон Хасанæн куы загъта, уæд уый бахудти, стæй куысты уавæртæм комкоммæ амонгæйæ бафиппайдта: — Дæ фæндоныл разы дæн, фæлæ институтæй ам æнцондæр бацæуæн нæу партимæ. Иуæй, районы хицауад ахуыргæнæгæй
(^2?^^^г-ж Айларты Измаил домы иугъæдоны коммæгæсæй скъолайы куысты раззагдæр фæлтæрдад, иннæмæй та сывæллæтты æййафындзинад æрмæгæй. Уæдæ уе скъолайы разамонджыты фæндонмæ дæр байхъусдзысты, æмæ дæ директоры цæстæнгас хæрзтæй нæу. Зæронд партион кусæг æй хонынц, фæлæ ног кусджытæй мæнгвæдæгдæр у дзырдтæ хæссынмæ. Райæххæсткомы сæрда- римæ кæмдæр иумæ ахуыр кодтой, уый фæндонæй æвæрд æрцы- ди уе скъолайæн хицауæй дæр. — Уæдæ уыцы тызмæгæй кæрæдзийы аккаг сты. Æздæнæй — сæртæг æмæ хивæнд. Быдыры куыстæгтæм нæ æрвыстой дыууæ фæлтæрæн, æмæ райсомраджы йæ сау хæдтулгæйы нæ разы цæхгæр куы алæууид. Раздæхут, дам, фæстæмæ, æндæр ранмæ уын цæугæ у кусынмæ. Цыппар ахуыргæнæгæй уыдыстæм хистæр кълæсты ахуырдзаутимæ, æмæ æртæйæ раз- дæхтысты, æз сын нæ бакоммæ кастæн. Уæд цы ’фсонæй, зæгъгæ, мыл баруагъдæй йæхи сцагъта. Мæн æртæ къласы ахуырдзаутимæ къолхозы сæрдар рарвыста нартхор тонынмæ, æмæ уый æфсонæй, дзуапп ын радтон цыбырæй. — Гъемæ уыцы хабар суанг райкомы хицаумæ дæр сыкъа- джынтæй байхъуыст, хуымæтæджы ахуыргæнæг хицауады бар- дзырд ницæмæ æрдардта, зæгъгæ, æмæ бауайдзæф кодта районы ахуырады хайады разамонæгæн. — Ныры хицæуттæ сæхæдæг кæй ракъахой æмæ сардауой, ахæмты агурынц, фæлæ сын мæнæй пайда нæй. Æз уыцы бон сывæллæтты бæрны æххæст кодтон колхозы сæрдары бардзырд, уый та ныхасгонд уыди скъолайы хицауимæ, æмæ сæхæдæг фидауæнт... Бонæн диссаг æмæ æхсæвæн — æмбисонд ног уавæрты. Гæвди зæрдиагдæрæй сфæнд кодта партимæ бацæуын, цыма уым уыди йæ дарддæры цардыхос... Йæ курдиатыл уæлдай нал загътой райкомы дæр, мæйы æмгъуыдæй йын гæххæттытæ бацæттæ кæнын кодтой, æмæ балæууыд иу фæззыгон райдзаст бон райкомы уæрæх агъуысты. Сырх хъæдабæйæ æмбæрзт даргъ фынгты фæйнæфарс бадтысты хицауад куыд бæрнондæрæй. Уыцы бон партимæ истой дзæвгар адæм, сæ фылдæр ахуыр- гæнджытæ. Бирæ нæ фæстиат кодтой, райстой се ’ппæты дæр æнæ1 уæлдай къуылымпытæй. Гæвди фæстагмæ баззад, æмæ йæ уыцы уавæр дæр æфтыдта уæлдай хъуыдытыл... Бæстон фæрсдзысты, уый зыдта, фæлæ цæттæйæ лæууыд. Куы бахызт мидæмæ: уæд сæ фылдæр разындысты зонгæтæ: районы про-
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ <''^^^23) - ■— 2^^^^^--^ курор, тæрхондоиы сæрдар, фæскомцæдисы разамонæг, бынæт- тон газеты редактор, ахуыры хайы инспектор æмæ ма æртæ æнæзонгæ сылгоймаджы... Сахаты бæрц æй фæфарстой, æмæ сын бæстон дзуапп лæвæрдта. Фæстагмæ йæ раййæххæсткомы сæрдар фæрсы: — Дæ кълæсты ахуыры æййафынад цал проценты у æвзагæй? — Æвдай фондз, — цыбырæй йын дзуапп радта. — Æмæ цæмæн афтæ ныллæг у? — Уымæн, æмæ хъæуы цæрджытæн сæ фылдæр ралыгъдыс- ты хæхтæй, æмæ сæ сывæллæттæ æвзаг хорз нæма зонынц. — Уæдæ сын иннæ ахуыргæнджытæ тынг хорз бæрæггæнæнтæ куыдæй сæвæрдтой? — ныхас къахы сæрбæрзондæй фæрсгæйæ. — Уымæй сын сæхи бафæрсын хъæуы. — Уыдоны фæрсын нæ хъæуы. Уыдон зонынц сывæллæт- тимæ кусын æмæ æрмæг дæр уымæн хорз зонынц. Дæуæн та зыны дæ куыст ахуыры æййафынадыл, æмæ афтæмæй аккаг нæма дæ партийы уæнгæн... Дæ ныхæсты уæз нæй... Уыйадыл рацæуинаг уыди æмбырдæй, фæлæ та йæ мидсих басхуыста: — Æвзæр сыхы куыйтау дыл февварс сты, æнæхъæн сахат дæ мæстæй фæмардтой, æмæ сын ацы уæлвæд сæ азым куынæ зæгъай, уæд дæ уæлæмæ скаст нал бауадздзысты... — Гъемæ мæ ныхасы кæд уæз нæй ахуырдзауты раз, уæд уым сымах дæр аххосджын стут, — хæстæгдæр сæм балæууыд Гæвди. — Уæд цæмæй?! — фестæгау кодта хицау. — Уымæй, æмæ зæххы, фосы куыстытæ кæнынц мæ ахуыр- дзауты ныййарджытæ, æмæ сын сæхи тугвæллойæ афæдзваг кæрдзын бахæрынмæ нæ вæййы, — дарæсыл куынæ дзурæм, уæд... — Нæ йæм хъусут, цытæ лæхуры, уымæ?! — фестади йæ бынатæй. — Сывæллæтты дæр ардауы æмæ ныййарджыты дæр. Ахæм партимæ уадзинаг у?! — Æз никæй ардауын, фæлæ стонг æмæ бæгънæгæй сывæл- лон хорз нæ ахуыр кæны... Сымах дыууæ азы дæргъы колхо- зонтæн зæрдæ æвæрдтат фæллойбонæн фондз, æхсæз килæйы нартхор æмæ мæнæуæй, фæлæ фыдæнхъæл фесты... Афтæ уыди æви нæ уыди, партион разамонджытæ?! — бафарста ма сæ хъæрæй æмæ рацыди уыцы мæстджынæй. Куыннæ фæкойаг, фæдзырддаг уыдаид Гæвди йæ комкоммæ
^ Айларты Измаил уайдзæфты фæстæ æнæхъæн районы хицауадæн?! Лæмæгъ ах- уыргæнæджы номыл ма бафтыд хицауадыл кусæг адæмы арда- уæджы ном дæр. Æртынæм азты адæмы знагыл нымад æрцы- даид уарзон партийы уынаффæйæ, æмæ уыцы бон йæ бинонты дæр нал федтаид, фæлæ ныр æндæр рæстæг ралæууыд, æмæ Гæвдийы хуызæн æнæсæттонты налдæр маргæ кæнынц, налдæр Сыбырмæ æрвитынц. Сбады сыл сабыргай зондцухты ном, æмæ сæ зондæйхъуæгты рынчыдоны балæууын кæнынц... — Ныр ма дарддæр цæмæ и æнхъæлмæ кæсæн хуыздæрæй?! Дæхиуыл сæ куы сардыдтай бынтондæр, — уайдзæфгæнæгау тыхсти Хасан ног диссæгтæм хъусгæйæ. — Уыдоны нæдæр сы- вæллæтты хорз ахуыр æндавы, нæдæр сæ ныййарджыты ифтонг царды фадæттæ. Уыдонæй алчидæр кæны йæхи мæт, æндзары йæхи гуылы бын партийы лозунгты аууон, æмæ ныр цы дæ зæрды и? — афарста ма йæ ныхстуаты лæууæгау. — Кусын æмæ цæрын рæстаудæнæй, — цыбырæй дзуапп радта Гæвди ныфсхастæй, фæлæ йæ цардвæндагыл фидæны фылдæр цæлхдуртæ кæй разындзæни, уый рагацау зыдта æмæ куырмæ- джы фатæхсынтыл не схæцыд. Уавæртæ — аразæг, цард — до- маг, фæлæ æнæныфсæй сæ хъомыс дзæвгар къаддæр разыны. Ныфсæн та æрхъуыды æмæ зондæй хуыздæр хъузæттæ нæй. Гæвдийы æргом ныхас куыд фæстагмæ уæндондæрæй хъуы- сти хъæубæстыл, æмæ уый разæнгард кодта сывæллæтты ахуыр- мæ. Йæ кълæсты ахуыр куы фæхуыздæр, уæд сфæнд кодта Зæлинæйы бабæрæг кæнын уалдзæджы улæфæн бонты. Дзæвгар рæстæг нæ райста фыстæг чызгæй, æмæ цæстытыл уадысты йæ усгуртæ. Гъемæ, цынæ вæййы, кæд сæ бон нæма базыдтой, кæд та ногæй — ног фæдфæливæнтæ?!. Уалдзæджы цъæхыл куы балæууыди Гæвди Хурджыны хъæуы, уæд ыл Зæлинæ йæхи атигъ кодта, куыд æрæгмæ цыдтæ, зæгъгæ. Фæлæ кæрæдзийы хабæрттæ бæстон куы бамбæрстой, уæд æрцыдысты иу фæндонмæ: дарддæр сын хибæрттæй цæрæн нал и. Сæ иумæйаг царды дыууæрдыгæй бинонтæн цы баххуыс кæной, уый сын — хæлар!.. Æмæ ацы сæрд фæуæд сæ дыккаг райгуырæн сæрд, дарддæр ын æргъæвæн нал и. Æрмæст цы хуызы æмæ цы уавæрты, уый у сæйрагдæр хъуыдыйаг... —* Иумæйаг æгъдæуттæ æххæст кæнгæйæ мæгуыр хæдзæрттæ ноджы мæгуырдæрæй баззайынц, æмæ кæй хъæуы уыцы тыхдомдæй кæнгæ кад? — Никæй, — цæхгæр æвдисæнау дзуры Зæлинæ дæр. Стыр
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ ^р^^15) чындзæхсæвтæ скæнынц чызг æмæ лæппуйæн, стæй комсуртæй фервитынц сæ ноджы бонтæ æмæ мæгуыр царды кæрæдзиуыл бафтынц, уарзондзинад цыдæр фæвæййы. Чындзхастæн дæр æмæ чызгæрвыстæн дæр бинонты уавæртæм кæсын фæхъæуы. Гъемæ, раст мæ бамбар, нæ бинонты ма стыхсын кæнæм, сæ къух цас амоны, уымæй уæлдай. Йæ гæды ныхас цы у, ног æрлидзгæйæ мæ бинонтæн уыйæппæтæй хæринаг дæр фаг нæй, дарæсыл нал дзурын. Иунæг æз исын мызд æхцайæ, æмæ ницæ- уыл æххæссы. Хæстæ райсон, æмæ сæ фидын хъæуы... Уыцы уавæры, хъыг дæм ма фæкæсæд, æгъдæуттæ кæнæн нæй, æмæ куыд зæгъыс? Рæстæмбис чындзæхсæвы фаг уал æндæр искуы æхца бакусон, æви бонзонгæйæ æртыгай кæрдзынтæй скувæм дыууæ фарсæй дæр. — Стыр сомтæ цалынмæ кусай искуыты, уæдмæ рæстæг цæуы, æмæ нæ иумæйаг уавæр хорз куы уыныс, уæд ма нæ хъуыддаг дарддæр цæй сæрæн æргъæвæм? Нæлгоймаг дæ, æмæ куыд хуыздæр у, ууыл разы. Æз уæлдай лæвæрттыл никæй домын æмæ мæ хъуыды бамбарын кæндзынæн мадæн... Æгъдауы куы бацæуай, уæд æфсарм йæхи кæнонтæ кæны æмæ домы аккаг хæрдзтæ, лæггæдтæ... Чызджы бинонтæ Гæвдийы ницæмæй батыхсын кодтой фидаугæйæ, фæлæ рæстæмбис домæнты фаг дæр йæ фадат нæ амыдта. Куысты мыздæй йæ дзыппы фæндаггаджы аргъ цы уыди, æндæр чындз- хасты иннæ хæрдзтæ æрæнцадысты ног æрлидзæг бинонты уæхсчытыл, æмæ афтид армæй йæхи азымы дардта: кæнæ æнæ уæлдай хæрдзтæй чызгимæ ацæуын хъуыди Ирыстонæй æндæр ранмæ кæнæ ма дыууæ, æртæ азы хъуыди бакусын фылдæр мыздыл... Фæлæ уыдон уыдысты æрæджиауы катæйттæ, фыййауы æхсыры къусы калдау... Зæлинæйæн йæ дыккаг хæдзары бинонтæ сабырæй хæрза- удæн разындысты, æмæ цас арæхсти, уыйас сын кæстæры номæй лæггад кодта. Цынæ зыдтаид, уымæй йæ фыццаг бафарст — Гæвди... Гъемæ, дыууæ адæймаджы кæрæдзийы куы фемба- рынц, уæд цыфæнды зын уавæртæн дæр быхсынц. Царды бирæ фæзилæнтæ и, æмæ иууыл фæндоныл паддзахы чызгæн дæр нæ вæййы. Зæлинæ фыды хæдзары хорзæй цæуыл сахуыр, уый йын сенгондæй — фæзминаг, цæмæты нæма арæхсы, уыдон ын йæ ног бинонты хъусдардæй — ахуыргæнинаг, æвзаринаг. Сæрды дыууæ мæйы ног бинонты номæй рæстæг райгондæй арвыстой, стæй ахуыры азы райдайæны размæ сæ амонды
^Т^^ч^г^ Айларты Измаил фæндагыл æваст цæлхдуртæ фæзынд бынтон æнæнхъæлæй. Иуæй, Зæлинæйæн йæ ног хъæубæсты ахуыргæнæджы куыст нæ разынди, иннæмæй, Гæвдийæн æнæ бафæрсгæйæ йæ куыс- ты сахæттæ дзæвгар фæкъаддæр кодтой цыдæр æфсæнттæй. — Цы фесты мæ фароны куысты сахæттæ? — фæрсы ди- ректоры. — Дæ фароны куысты сахæттæй уæлдай цы уыди, уыдон ног ахуыргæнæгæн радтам, — ныллæг хъæлæсыуагæй дзуры уый. — Гъемæ уыцы ног ахуыргæнæгæн иннæ сахæттæ дæр радт æххæст, æз ардæм кусынмæ нал æрбацæудзынæн, — авæрдта йын йæ разы курдиаты гæххæтт. — Куыд дæ фæнды, афтæ, — æнæ уæлдай ракæ-бакæйæ курдиатыл йæ къух бафыста директор, йæхæдæг ма йæм æртхъирæнгæнæгау дзуры: — Æрмæст фæсмон ма фæкæн... — Фæсмоны тыххæй æдыхст у, æгуыстæй нæ баззайдзынæн, — нывæрдта курдиат бæстон риуы дзыппы æмæ рацыд. Директоры баруагъд митæй йæ фарсхæцджытæ разыйæ баз- задысты, фæлæ ахуыргæнджыты фылдæр хайæн æхсызгон нæ уыди Гæвдийы куыстæй ацыд. — Ау, ног æрлидзæг бинонтæй æрмæст уый иста йæ куысты мыздæн æхца, æмæ ууыл уæддæр ма ахъуыды кæн разамонæ- джы æфсармæй! — Уæдæ, уæдæ!.. Йæ тæккæ ног бинонты заман, æмæ дыу- уæ ахуыргæнæгæй ныр æндæр рæтты куыстытæ агурдзысты. — Нæ ныры разамонæг фыццагæй хуыздæр нæ рауади. Уый йæ карз нозтджынæй рæдыди, ай та æрвонгæй фыдæхзæрдæ разынди, æмæ æмбисæндтæ раст сты: æнæзæнæг лæг иууыл хиуарзонæй æнæфсис у. Дыууæ финнаг хъæдын хæдзары рай- ста айфыццаг, æмæ дзы иу Дзæуджыхъæуæй ардæмы фæнда- гыл кæмдæр æрбайсæфт, иннæ уæртæ зæронд мæзджыты нык- кæнды бæстытæ-фæстытæй лæууы. Мах та сывæллæттимæ зæхбын агъуыстыты уроктæ кæнæм. —Уыдон раппæлинаг хъуыддæгтæ бæргæ не сты нæ раза- монæгæн, фæлæ Гæвди дæр раст нæ бакодта. Хъæуккаг куы дæ, уæд æрцæуæг хицауы фыдæнæн дæ куыст кæдæм уадзыс?!. Æрхъæцмæ фæлæуу, стæй исты амал уыдаид йæ бинойнагæн дæр. Гæвдийы бафхæрдæй уæлдай мæстджын уыдысты ног æрлидзæг бинонтæ, фæлæ æргомæй ницы загътой, æрмæст Зæлинæ бафарста:
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ ^^^У\ — Уагæр дæм цæуыл афтæ фæхæрам уе скъолайы дирек- тор? — Уыдон сæ дзурыны аккаг дæр не сты, æмæ ды ма тыхс. Сæрæгас уæм, æндæр æгуыстæй нæ баззайдзыстæм. Фæсрагъы дыууæ хъæуы æввахс сты кæрæдзимæ, æмæ сæ иуы дæуæн зæрдæ бавæрдта куыстæй районы ахуыры хайы сæргълæууæг, иннæйы — мæхицæн, — бæстон ын бамбарын кодта уавæр Гæвди... Æхсæнадон царды бындуртæ æнцайынц хицæнæй цæрæг бинонты царды хъомысыл æппæт куыстæгты уавæрты дæр. Би- нонты цардау æхсæны цардæн рæстаудæн, цæстуарзонæй, хæларæй бонзонгæ уынаффæгæнæг куынæуал вæййы, уæд йæ алы æвзагæй дзурæг минæвæрттæ растæй — зылынæй, хæрзгæнæгæй — фыдгæнæгæй фæйнæрдæм ахæцынц. Уыцы уавæры дзыллæтыл азæй-азмæ зыд æмæ кæрæф бафты. Сове- тон Хицауадæн егъау империйы разамонæджы, сæргълæууæ- джы номæй йæ кад, тыхæхсад, тыхлæмæрст хæцъилау, ихсийын байдыдта Сталины марды фæстæ. «Дунейы кусæг-фæллойгæнæг дзыллæты иумæйаг фæтæгыл, Уæрæсейы адæмты уарзон фы- дыл» йæ хæстæгдæр фæдонтæ лæгмары ном куы сæвæрдтой, уæд коммунистон цардарæзты фыццаг гæнахæн йæ астæуккаг цæджындз фæтасыд æмæ дургай згъæлын райдыдта. Цытджын ленинон парти — «фæллойгæнæг дзыллæты тых æмæ зонд, кад æмæ рад, цæсгом æмæ намыс, рæстад æмæ æууæнк» ар- мукъайы базайрагау фæсхъæуты дзырддаг-койаг фæци. Ленин æмæ Сталиныл цæстмæхъусæй, цуронæй кады стыр зарджытæ чи фыста, уыдон сыл алы æфсæнттæй цъыф калынц. «Æппæтæй растдæр æмæ тыхджындæр, цæрдхъомдæр æмæ ныфсхастдæр ахуырад марксизм-ленинизм» дызæрдыггаг сси коммунистон цард аразгæйæ. Алыхуызы зианхæссæг динтæ, фæсуарыны зокъо- тау, сæ сæртæ схъил кодтой, сауджынтæ æмæ моллотæ рухс- тауæг систы ныридæгæн мæнгæй, куырмæй дингæнджытæн. Фыдыбæсты Стыр хæсты советон адæмæн сæ туг цæй сæрап- понд фæкалд, уыдон дæр дзырддаг систы мæнг коммунистты хъæлæсæй. Фæсхæст кусæг адæмы удуæлдай фæллæйттæй ног ленинонтæ хæссын райдыдтой дунейы мæгуырты, нæхæдæг та ис куыст, ис фæллæйттæй мæгуыры хъуынхъис хæрæм, фидæ- ны хуыздæрмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ... Стыр диссагæн, Сове-
'Г28^**<!*с!г-х. Айларты Измаил ^**™5^ тон Уæрæсейы арæнтæ, ног мæрдджыны кулдуарау, байгом сты, æмæ нæм цыфыддæр фыдгултæ фæсарæнтæй сæфты хостæ хæссынц хæларады хуынтæ, лæвæртты номæй... Дзæвгар сагъ- æссаджы, катайаджы ног бæллæхтæ, æмæ сыл ныры хицау- адæй батыхсæг нæй... Цы уыдзыстæм фидæны?! Уыцы дызæр- дыджы хъуыдытимæ Гæвди куыстмæ цыди Фæсрагъыхъæумæ хурæй, къæвдайæ æмæ-иу искуыдæй-искуыдмæ цыбыртæй йæ боныджы дæр афыста æвдисæнтæ агурæгау... АИДЗÆГГАГÆЙ - ХАУÆГГÆГТÆ Адæймаджы удыконд иугъæдоны вазыгджынæй диссаг у. Мæлдзæни, фæстаг фæлтæрæнтæ кæндзæни, уæддæр фæста- гæтты пайдайæн хал халыл, дур дурыл æвæры. Фæстаг улæфты онг рæстагæй цæрæгæн йæ хæстæ фидинаг вæййынц, æмæ уымæй тыхджын, хъомысджын æрцæуы фæлтæрты бастдзи- над. Цин æмæ маст, рухс æмæ аууонау, иумæ цæуынц. Хъул- гъайы зæххыл цы ирæттæ царди, уыдон фæстаг боны онг ных- бынæй фæллæйттæ фæкодтой, цыма сæ рагон фыдыуæзæг уыди... Уæрæсейы хицауад хуызивæнтæй кæй архайдта, мæрдтæм рæстаг фыдæлтыл тугтæ кæй мысыд, кусæг адæмы хæрзгæнджытæй знæгтæ кæй арæзта, сæ фыдгæнджытæй — хæлæрттæ, уыцы уавæр сæрибары номæй дзæгъæл дзæнгæдайы хъæры бын фæци, æмæ Советты цыфыддæр фыдгæнджытæн рæстæг æрцыд сæ сусæг фæндæттæ æргомæй сæххæст кæнынæн... Хъулгъайæгты сæ фыдыуæзæгæй æвæндонæй куы æрвыстой, уæддæр цæстфæлдахæг Уæрæсейы Хицауадæн — пайда: æвæлмонæй сын сæ цæрæнбоны фæллæйттæ фæйнæрдæм фæхастой. Ныр сын æртындæс азы фæстæ сæ бæстæм æрцæ- уыны бар радтой сусæгæй, фæлæ лæвар нæ: Сыбыры салд къæйыл цы фæллæйттæ-бынтæ фæкодтой, уыдоны уæлдай — егъау гæртæмттæ сыгъдæг æхца æмæ сызгъæринæй.. Куыд фæзæгъынц, бынхорæн цы уæлдай у? Уæрдон асæтта — суг, гал амæла — дзидза!.. Тыхсырд хъулгъайæгтæй, тыхлыгъд цы ирæтты фæкæнын кодтой бынхор Уæрæсейы ног хицæуттæ, уыдон къаддæр тæригъæд æмæ уынгæджы нæ уыдысты сæ фæстæмæ лидзæн уалдзæджы кæрон, æмæ та мæнгард хицауадæн — дывæрсыг пайда...
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ ^Э Фæсрагъы дыууæ хъæуы астæу нæудзар дæргъæлвæст къуы- бырыл айтынг зæронд уæлмæрд, æмæ Гæвди афæдзы дæргъы ууылты комкоммæ цыди йе скъолайы куыстмæ, Зæлинæйæн та рæстæгмæ Рухсы хъæуы фатеры гыццыл къуым баххуырста, æмæ-иу дзы уаргæ бонты афæстиат, бахсæвиуат кодта. Фате- ры хицау — ирон сылгоймаг, йæ дыууæ чызгимæ баззад цæргæйæ хæдзары, йæ лæджы йын иннæ бинонтимæ арвыстой Сыбырмæ, æмæ сæ иста рæстæгæй-рæстæгмæ фыстæджытæ, стæй тæккæ фæззæджы тыллæг æфснайын афон лæгæн бар радтой фыдыуæзæг бабæрæг кæнынæн... Æмбис карæй чи ахызт, ахæм хæрзконд, бæрзонд хъулгъайаг аив дзыллон дарæсы худæй фадыварцы онг. Ирон сылгоймаг ын уыди дыккаг бинойнаг, фыц- цаг та — сæхирдыгон æмæ йæ цотимæ цардысты хасты номæй Сыбыры... Лæдзæджы æнцæйтты цыди хъулгъайаг зæронд лæг, фæлæ йæ фезмæлд — рæвдз, цæстæнгасæй хъуыдыхуыз, ны- хасмæ хъуыста лæмбынæг. Фæстæмæ тагъд здæхы, зæгъгæ, йæ ирон бинойнаг къæпныхас кодта, фæлæ æцæг хабæрттæ фæстæдæр сбæрæг сты. Фембæлгæйæ сын Гæвди æмæ Зæлинæ фатеры цæрджыты номæй æгъдауыл бонхорзæй дзуапп цы лæвæрдтой, æндæр бæстон ныхæстыл никуыма афæстиат сты. Лæг-иу раджы фестад, æнæзонгæ бæстывæрдыл фæлгæсæгау цыди саппæй сапмæ, тигъæй тигъмæ. Куы астæурагъыл алæу- уыдаид, куы æрхбын атагъайыл исты агурæгау зылдаид. Цыдæр ын нæ фаг кодта йæ фыдызæххыл æмæ цæуылдæр тыхсти йæхи- нымæр, уый бæрæг уыд, фæлæ искæй цард — талынг хъоргъ, æмæ чи кæй мæт кæны, чи кæуыл тыхсы хи царды рæвдзæй, ифтонгæй?!. Гæвди йæм цалдæр боны йæ хъус фæдардта хинымæ- ры, æмæ фæстæмæ Сыбырмæ здæхыны лæг нæ уыди. Къахдзæфæй, армæй барæгау зылди хъæуы алыварс, æмæ, уымæ кæсгæйæ, Гæвдийæн дæр йæ цæстытыл уади райгуырæн уæзæг, фыды комбæстæ. Æрдхæрæн фæуой, уастæны, кæд лæгæтæй дæр райгуырæн къонайы адæн ад нæй, фыдызæххы хъармæн — хъарм!.. Уæлдайдæр тыхсырдæй, тыхиппæрдæй, — дзидзидай сывæллоны йæ ныййарæг мады æхсырджын риутæй тыхиртæст куыд бакæнай, афтæ... Иу райдзаст фæззыгон хурбон фæскуыст Гæвди Фæсрагъы хъæуæй сæхимæ куыд здæхти изæрырдæм, афтæ йыл тæккæ нæухæст рагъыл, зæронд уæлмæрды астæу хъулгъайаг зæронд лæг хæрхæмбæлд фæци... Æхсæны цыртау æнæфезмæлгæйæ
’ГзО^^^^ж^ Айларты Измаил лæууыд нæудзар ингæны астæу худаистæй æмæ йæхинымæры цыдæртæ сабыргай дзырдта чъылдымздæхтæй... Гæвди хъуыд- даг фембæрста æмæ æнæ уæлдай уынæрæй иувæрсты цæ- уынвæнд акодта, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд æнцад лæугæйæ... Зæронд егъау уæлмæрды æнæхъæн цырт нал баззад: кæм рох ингæнтæ нæууы бын фесты, кæм та ма сыл гæзæмæ къуы- бырæй зынынц цырты сæстытæ... Хъулгъайæгтæ мардæн нæдæр хъæдын цырт æвæрдтой, нæдæр — æфсæйнаг. Джиппæй уагъды хуызæн цыртытæ арæз- той бынæттон сигæцдурæй алыхуызы дзыллон нывæфтыдтæ æмæ фыстытимæ... Цырт мардæн — йе ’нусон цæсгом фыды- зæххыл, æндæр ма йæм цы фæхауы дунейы хæрзтæй?! Цырт скъахын, цырт асæттын æмæ аппарын марды стæгдар скъахын æмæ аппарынæй хъауджыдæр нæу, уый куыннæ ’мбæрста Гæвди, æмæ нындзыг аууонау йæ мидбынат, цыма уый аххосæй фесты уыйæппæт хъулгъайаг мæрдтæ æнæ цыртытæ... Æрæджиау зæронд лæг йæ худ ныккодта æмæ, цæуынхъусæй Гæвдийы куы ауыдта, уæд æм къухæй амоны, æввахсдæр ма рацу, зæгъгæ... Тæфæрфæсгæнæгау йæ разы куы балæууыд, уæд зæронд лæг лæдзæгæй саст дыууæ цырты бындзæфхæдтæ бахоста æмæ, иронау сыгъдæг дзургæйæ, афтæ зæгъы: — Ды мæ разы нырма лæппу дæ æмæ уарзон адæмы фæндиаг бирæ фæцæр! Ацы уæлмæрды ныгæд сты мæ хистæртæ куыд- хæстæгдæрæй. Сыбырмæ нæ куы хастой, уæд æнæхъæн фыдæл- тыккон уæлмæрды иунæг мард дæр æнæ цыртæй нæ уыди. Ныр дзы дæс, дыууадæс азмæ иунæг цырт дæр æнæхъæн нал у, æмæ цы фесты? Æмбийгæ бакодтой дурæй конд цыртытæ, æви^ зæххы скъуыды аирвæзтысты хъаймæты заман?.. Йæ разы рохстæй кæсгæйæ куы баззад лæугæйæ, уæд ба- худæгау кодта, стæй йæм хæстæг æрбалæууыд æмæ аудæны хъæлæсæй дзуры: — Дæу азымы дарыны фæдыл нæу мæ ныхас, æмæ мæ раст бамбар, дæ хорзæхæй! Мæнæ ма цыртыты æртæ састаджы цы ингæнтыл ис, уыдоны ныгæд сты мæ ныййарджытæ æмæ мæ фыды æфсымæр. Уыдоныстæн, кæд мæнгæй исты зæгъдзынæн! Мæ фыд уыди ирон хæрæфырт, мæхицæн дыккаг бинойнаг у ирон, æмæ мæ каистæм æз æвзæр зæрдæ куыд хъуамæ дарон? Мæнæ, — амоны къухы æнгуылдзæй рахиз уадулы дæргъæццон носмæ, — уый мæхъхъæлон лæджы хъамайы цæф у мæ каисты сæрыл дзургæйæ иргъæвæггагæй... Гъемæ, дæ рынтæ бахæрон,
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ ^^ 3 кæддæры тугæй, æгъдауæй уарзон хæстæджытыл цы ’рцыди, цæмæн акастысты сæ кæстæртæ дыууæрдыгæй кæрæдзимæ тызмæгæй, æнæуынонæй?!. Кæй цы хъыгдардтой уæлмæрдты цыртытæ? Фæзылдтæн сыл, æмæ дзы æнæхъæнæй цырт иунæг ран дæр нал баззад, æмæ цы фесты?!. — Мах ацы бæстæм дыууæ азы размæ ралыгъдыстæм, æмæ бæлвырд хабæрттæ хорз нæ зонын, — йæхи растгæнæгау ба- фиппайдта Гæвди, æмæ зæронд лæг фæбæлвырддæр кодта йæ хъуыды: — Уый мæ уырны. Фæстаг дыууæ, æртæ азмæ нæ фæл- лæйттæй ницыуал баззад, цæрæн бæстыхæйттæй уæлдай. Цыр- тытæй, стыр диссагæн æмæ худинагæн, дыууæ раны ссардтон хуыдæтты систæ амад, æмæ уыцы цауæй бæрæг у удыгæсты цæсгом æмæ æууæнк дыууæрдыгæй адæмæн дæр. Æниу, гас адæмы азымы дарын нæ хъæуы. Хъулгъайæгтæм дæр уыди æмæ ныр дæр ис æвзæрæй фыдгæнджытæ, ирæттæм дæр, æмæ уыдо- ны архайдæй Уæрæсейы бынхор хицауад дæр фыдгæндыл нал ауæрды. Гъемæ рæстыл куы дзурæм, уæд хицæн адæмтæ кæрæдзийы мидæг куы ауайынц гæрзифтонгæй, уæд фыдгæнæг хицауад æххуысты бацæуы лæмæгъдæртæн, æмæ афтæмæй ныддæргъвæтин вæййынц быцæутæ адæмты астæу. — Раст сты дæ хъуыдытæ, æмæ кæдмæ афтæ уыдзыстæм, — æргом сагъæстыл фæци Гæвди, царды æцæг хъæрмæ хъусгæйæ. — Цалынмæ дыууæ фарсы рæстагдæр адæмтæ кæрæдзийы рис бамбарой, уæдмæ сæ ардаудзысты фыдгæндыл хæцæг хицæн къордтæ алы мысæггаг æфсæнттæй, — кæронбæттæны хатдзæг скодта зæронд лæг, йæхæдæг ма йæ ныхасыл бафтыдта фæрсæгау: — Ирæттæн сæ уæлмæрдты цыртытæй æндæрниан адæм скъæты систæ куы самаиккой, уæд сæм цы цæстæй акæ- сиккой? — Фыдгулы цæстæй. — Гъе, уæдæ уыдæттæ сты фидæны хъуыдыйаг... Нæ фидæн та кæстæртæй аразгæ у. Мæ карæнтæ сын фæзминагæй, бæллиц- цагæй цы фарн ныууадзой, ууыл хæцдзысты дыууæрдыгæйы адæм. Дæ номæй дæр дæ нæ бафарстон, æмæ хатыр бакæн! — Мæ ном Гæвди. — Мæ ном та Мæхæмæт, æмæ нæ абоны ныхас дæ зæрдыл бадар, кæддæра фидæны нæ хицауады æдзæлгъæд уынаффæтæ цы хæрзты фенын кæниккой сæ дæлбар адæмæн...
,^32^^^^^ Айларты Измаил Мæхæмæт йæ лæджы кары царды цинтæ æмæ мæстытæй хъуагæй нæ баззад. Æмбæрста рæстæджы цыдимæ адæмты хъæр æмæ уыцы равгæй, æвæццæгæн, хатыдта фидæны бæллæхтæ дæр. Сыбырмæ аздæхыны фæнд æм нæ уыди. Бонæй-бонмæ йæ фыдыуæзæгыл аудын райдыдта, æрæвнæлдта хæдзары куыс- тæгтæм. Уæдмæ йæ Сыбырмæ хаст æмбæстæгтæ дæр иугай- дыгай цæуын райдыдтой сæ цæрæнбынæттæм бæрæггæнæг. Иугай, дыгай цыдæр сусæг сгарджыты хуызæн, æнæ хицауа- ды æргом бардзырдæй. Уыдон фæззæгæй уалдзæгмæ бабирæ сты, æмæ рувæнтæм бынæттон цæрджытимæ быцæуыл систы, рауади се ’хсæн æргом хылтæ, стæй сусæгмæрдтæ. Уыйадыл Хъулгъайы зæхх дзырддагæй мæрддзаг сси. Æваст дыууæ, æртæ бонмæ ирон адæм фæстæмæ лидзыныл ныллæууыдысты. Нал сæ бандæвтой æртындæс азы удуæлдайы ныхбын куыстытæ æмæ фæллæйттæ дæр. Чи куыд арæхсти, афтæ тындзыдта. Сæ хæдзæрттæн цы æнæбары æргътæ скодтой рæстæгмæйы цæстфæлдахæг хицауад, уый æххæстæй райсынæн дæр сын фадат нал фæци. Æхца æппæты фаг нæ кæны афоныл, зæгъгæ, РАЙФИНЫ кусджытæ æмвæндæй дзырдтой, æмæ кæнæ æмгъуыдмæ фенхъæлмæ кæс, науæд та сын дæ хæдзары аргъæй æрмæджы фæуадз æмæ хаугæ кæн æнæ уæлдай хъаст-хъыл- листæй. Уыцы уавæры мæгуыр тыхст ирæттæн цæй фæстиæттæгæнæн уыди?! Йæ хæдзары аргъы æмбис райсыныл дæр разы уыди, æрмæст афоныл сæрæгасæй аирвæзæд уыцы æнамонд тугхъулон зæххæй! Æмæ чи стыгъта тыхст лидзæг адæмы Хъулгъайы зæххыл? Нæхи æхсæны кусæг ирæттæ, сæ мæрдты стæгдар чи хордта, уыдон... Уыцы хъысмæт æвзарæн ныхстуаты бонты Гæвди æмæ Зæлинæ- йы бахъуыд дыууæ скъолайы ахуыры азы кæронмæ бакусын... Уæдмæ сæ фатеры хицау Мæхæмæты бинонтæ æмткæй сæ рай- гуырæн уæзæгмæ сыздæхтысты, æмæ фатеронтæ ахуыргæн- джыты хæдзары æрбынат кодтой... Адæймаг йæхи цæстæй цы нæ фена, хъустæй цы нæ фехъу- са, уый йын вæййы дызæрдыггаг. Гæвди æмæ Зæлинæмæ хъул- гъайæгтæ зулцæстæй нæ ракастысты. Бонæн бæрæг сæ кодта Мæхæмæт зæронд зонгæйау, фæлæ сыл нымад бонтæ ныд- дар’гъ сты æнахуыры мæстæлгъæдæй. Цаутæ хъаймæты рæстæгау кæрæдзийы æвдæрзтой, æмæ фидæнæй уæлдай рух- сы мур нæ зынди цæрыны ныфсæй... Макæмæй хæсджын уай, макæй хъыгдарай, афтæмæй уæлон зæххыл тæрсгæ-ризгæйæ
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ ■■-^^^Тъ) 2 2 ^^2±2к^^ кус æмæ цу!.. Зæлинæ зæрдæхсайгæ фæци, æмæ æвзонг 6и- нонты номæй се ’ртыккаг райгуырæн боныл хъуыды дæр нал кодтой кæрæдзийæ фæиппæрды, фæцухы адæргæй. Ды уал дæ цæгатмæ куы ацыдаис, зæгъгæ, йæм цалдæр хатты баулæфыд Гæвди лæгъæстæгæнæгау, фæлæ йæ Зæлинæ ской дæр нал ба- уагъта: — Цы бауинаг стæм, уый — иумæ, — ныфсхастæй дзырдта. — Куыддæр хистæр кълæсты фæлварæнтæ фæуой, афтæ ацæу- дзыстæм. Цы ма нæ уромдзæни нæ куысты мыздæй уæл- дай... — Куысты мызд æмæ нын нæ гæххæттытæ афоныл куы рад- той, уæд нæ фæстиат ницæуыл у, фæлæ хицауад куыд бæрнондæрæй сæ сæртæ бафснайдтой, æмæ, нæ кæсыс Хуссар Ирæй ралидзæг зæрæдтæм, нырмæ сын сæ хæдзæртты аргъ нæма бафыстой! — Мæгуыр сæ бон, æмæ сын цæмæй баххуыс чындæуа?.. — Сихоры хардз сын авæрын хъæуы, науæд бынтон фæцуддзысты, сæ тæригъæд фæхæссой нæ гæртамхортæ! — мæсты кодта Гæвди, фæлæ цы йæ бон уыди?!. Фæсфæларæнты æрыгон бинонтæ куысты мызд райстой, сæ дзаумæттæ атымбыл кодтой æмæ изæры хурныгуылды Дзæу- джыхъæуы балæууыдысты. Уырдыгæй сын хъæумæ фæци зонгæ æмбал, æмæ æртæйæ кæйдæр рог хæдтулгæйы абадтысты. Са- харæй ахизой, афтæ сын иу лæг бамбал, шофырæн зонгæ чи уыди, ахæм. Цæуынц сæрдыгон рыгвæндагыл ныхæстæгæнгæ. Зæлинæ разæй шофыры фарсмæ бады æмæ сылгоймаджы æу- уæнкджынæй Хъулгъайы хабæрттæй цыдæртæ дзуры уыцы æхсызгонæй — уæдæ ныр дзæбæхæй нæхи зæххыл зонгæтимæ баиу стæм æмæ сæрæгасæй хæдзарыл æмбæлдзыстæм, зæгъгæ. Гæвди галиуварс кæронæй бады æмæ йæ хъус дары æмбæлттæм. Зонгæ лæг æмбисвæндагыл хæстæгдæр хъæугæрон рахызти, иннæ цæуы дарддæр, æмæ сыл æнæууæнк кæнын райдыдта. Дыууæ раны ныллæг рог хæдтулгæ хидыл нал бауад, фæлæ уæрагмæ доны бафсæрста æмæ сурмæ схизæны дзыхълæуд фæкодта. — Уый дын, гъе! — батыхсти шофыр, рахызт æмæ цыдæртæ агуры йæ багажничы. Фæндаггæтты чумæдантæ кæрæдзиуыл æвæрд, æмæ сæ æхгæнæнтимæ архайгæйæ рахауынæввонг фæиппæрд кодта, йæхæдæг хæдтулгæйыл æваст ахæцыди, уæдæ гом багажникæй уæллаг чумæдан кæд доны былмæ æрхауид, 3 Мах дуг № 10, 2003
^зТ^^^г^-ж. Айларты Измаил зæгъгæ, фæлæ фæрæдыд. Йæ фæндон айдæнмæ кæсæгау Гæвдийы цæстытыл ауад, æмæ рагацау йæ хъустæ ныхситт лас- той фыдохы хабары æвдисæнæн. Дыууæйæ дæр йæхи кармæ æввахс уыдаиккой. Сæ ныхæстæм гæсгæ — хорз зонгæтæ. Фæндагæтты хæссинæгты исты хæрзтæ æнхъæл уыдысты æмæ рагацау æвæццæгæн бадзырдтой, куыдæй хуыздæр сæ къухы бафтдзысты, ууыл. Се ’ууæлтæм гæсгæ фыццаг хатт нæ цыды- сты тыхст фæндаггæтты хъыджы, æмæ сæ дарддæры фæдфæливæнтæм Гæвди цæттæйæ лæууыд. Æрмæст биной- нагæн уавæр цы хуызы бамбарын кæна!.. Мыййаг æваст быцæ- уыл куы фæуа семæ, уæд æнæфæразгæ сылгоймаг сонтæй фæтæрсдзæни, æмæ уый — уæлдай тыхстаг æхсæвы талын- джы... Уалынмæ хъæумæ фæзилæны шофыр хæдтулгæ фæурæд- та гæзæмæ иуварсæй æмæ йæ зонгæ бæлццонмæ дзуры: — Ды мæм ам фæлæуу, æз æххæст адоны сæхимæ бадавон, æмæ дарддæр иумæ цæудзыстæм. — Хорз, — зæгъгæ, æнæ уæлдай ныхасæй рахызт лæг æмæ фæндаджы кæрон бæлæсты бын алæууыд. Шофыр та хæдтулгæйы багажник байгом кодта, ацархайдта фæндаггæтты хæссинæгтимæ, стæй абадти æмæ æваст хæдтул- гæйы сыдзмыдзыйæ цæугæйæ фæндаджы кæрон лыстæг хуы- ры цæндыл дыууæ фæлтæрæн сцавта, æмæ Гæвдийы хъустыл ауад æртыккаг фæндаггоны цымыдис ныхас, «Вот чудак!» — зæгъгæ. Уыйадыл шофыры æфцæггот рахиз къухæй ацахста хурхгæнæгау æмæ йæм дзуры: — Бауром, науæд мæ хъаст ма ракæн! — фегом кодта дуар æмæ хуыры калдæй дойнаг дур фелвæста, йæхæдæг бинойнагмæ амоны, рæвдздæр рахиз, зæгъгæ, дзаумæттæ зæхмæ исгæйæ. — Фæлæуут-ма, цы ’рцыди?! — йæхи тыхсæг, мæтгæнæг скодта шофыр. — Цы ’рцыди, уый дæуæй хуыздæр ничи зоны, абырæг, фæлæ уæлдай змæлд мауал фæкæн, науæд дæ хæдзарыл нал сæмбæлдзынæ, — бавзыста йæм дойнаг дурæй, — йæхæдæг æй фæрсы: — Цас дын раттæм фæндаггаг? — Ницы мæ хъæуы фæндаггагæн дæр, — фæлмæн уаг æру- агъта, фæлæ йын Гæвди фæндзгай сомтæй цалдæр гом ру- дзынгæй баппæрста, йæхæдæг ма йæм бартхъирæнтæ кодта: — Ахæм уавæры ма искуы куы сæмбæлæм, уæд бæстондæр ба- ныхас кæндзыстæм, ныр та дæ давæн сау уæрдон разил æмæ рæвдздæр цу уартæ дæ абырæг хъузонимæ!..
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ у^^*^Ь: Зæлинæ æваст быцæу митæм рохстæй баззад, иуварс лæугæйæ, стæй, хæдтулгæ куы афардæг, уæд Гæвдийы ризгæ хъæлæсæй фæрсы: — Цы нын йæ зæрды уыди, цы?!. — Зынаргъ истытæ æнхъæлæй нын хæдтулгæйы гом багаж- никæй нæ дзаумæттæ ам раппæрстаид, стæй йе ’мбалимæ сæ фæнд конд уыди ацы мæйдары, — бамбарын кодта фыдгæнды уавæр бинойнагæн, йæхæдæг дыууæ чумæданыл фæхæЦыд æмæ ныфсæвæрдæй дзуры: — Мауал тыхс, сабыргай цу, æмæ бы- натмæ хæццæ кæндзыстæм ныр, фистæгæй цастæ бауаинаг у... Фæндаджы фæйнæфæрсты бæлæстæ хъæдау сбæзджын сты гæзæмæ пыхсбынæй. Мæйдар æхсæвы уддзæф чердыгæй рау- лæфы, уым сыбар-сыбурæй сыфтæртæ базмæлынц, æмæ фæндаг- гæтты къæхты уынæримæ баиу вæййынц. Астымты зайæгойты тæф ацафоны хъарм æхсæвты бæрæг адджындæрæй зæлы, æмæ Гæвдийы цæстытыл ауайынц кæм арæхдæрæй хæрыны кæрдæджытæ. Афæдзы афæттæй алкæмæн дæр — йæхи хардз æрдзон хæрзтæй, æмæ сæ радыл-кадыл куынæ хъауай, уæд — комсур... Хоры бæзджын æвзартимæ ныр дыргътæ дæр нæмыг- дзых фесты, æмæ зæрдæлæууæнæй цæстытыл уайынц... Фы- дызæххыл рæстагæй цæрæгæн, кусæгæн — дзæвгар бæллиц- цаджы, тæхудиаджы æхсызгæттæ... Цæй амондджын сты ныр йæ райгуырæн къонайыл æхсæвæр чи хæры, уыцы бинонтæ!.. Цинтæ æмæ мæстыты равгæй хъуыдыты куыд аныгъуылд Гæвди, афтæ æввахсæй хæдтулгæйы уынæр æрбайхъуыст, стæй дымгæйы улæфтимæ — кæйдæр зарын дæр баиу, æмæ Зæлинæ бацин кодта æхсызгоны ныфсæвæрдау: — Махырдæм чи цæуы, ахæмтæ, æмæ нæм кæд фæуромик- кой! — фæндаджы кæронмæ йæхи байста. — Фæуромынæн дæр, чи сты, уый зонын хъæуы ацы талын- джы, — æрæвæрдта йæ хæссинæгтæ Гæвди фæндаггæрон, фæлæ сенгонды дызæрдыгæй: иу хаттæн тæвд бас кæй басудзы, уый йæ уазал доныл дæр фу кæнын райдайы. Уæдæ, царды хъыгтæ æмæ мæстытæ æнæ кæрæдзийæ кæй нæ фидауынц, уый дæр арвыхъугæй бæрæгдæр у, адæймаг куырм æмæ къуырма куы нæ уа, уæд. Уæзласæн хæдтулгæйы шофыр зонгæ разынд æмæ сæм фæурæдта. Цы хур, цы къæвда уæ ’рбахаста ацы талын- джы, зæгъгæ, сыл баузæлыд, стæй Зæлинæйы йæ фарсмæ аба- дын кодта, Гæвдийы сæ хæссинæгтимæ — гуыффæйы. Уым дывæрсыг фæхсбандæттыл бадтысты цалдæрæй æд къæпитæ,
Айларты Измаил быдыры рувынмæ чи уыди, ахæмтæ, æмæ кæрæдзийы фæнда- джы хабæрттæй афарстой, стæй иумæйаг ныхæстыл фесты: — Адæм арæзгæ дæр кæрæдзийы хынцмæ кæнынц, сæфгæ дæр, æндæр уыйбæрц ракæ-бакæ, ралидз-балидзыл не схæцы- даиккой. Нæ хъæуæй дæр цалдæр хæдзары алыгъди Хъулгъа- йы зæхмæ æмæ ныр хауæггаг фесты сæрды къæсæрыл. Нал — хæдзар, кæй загъдæуыд, нал — хуымы зæхх, æмæ цæмæйты цæрдзысты ныр? — Уæдæ, уæдæ!.. Уæлæсыхы сæ фыдыуæзæгыл дыууæйæ фатертæ баххуырстой, æртæйæн та сахармæ лидзын и сæ зæрды, æмæ афтид армы хъыргъы дæр нæ бады, тулаг дурыл хъуына нæ хæцы. — Афтид армы тыххæй сын паддзахад, цыма цыдæр æххуыс- тæй зæрдæ бавæрдта. — Паддзахады зæрдæвæрдтытæй гал — æгæвдæс, хъуг — æххормаг. Цыдæр хъуыддаджы гæххæттытæ сын радтой лидзæг адæмы номæй, æмæ уый æххуысæй цалынмæ мыдгай истытæ исой, уæдмæ сæрд фæуыдзæни, фæззæг та хъарм хæдзар домы. — Уыцы истытæн дæр ныр бирæ хицæуттæ разындзæни, æмæ кæмæн — бирæ, кæмæн та — æнæбары цыдæртæ... — Хъæутыл сæ байуæрстой æнæхицау фосау, æмæ — налдæр хæстæг æмæ хионы æххуыс, налдæр — æхсæнады аудæн цæстæнгас, æндæр уыдонæн афоныл хæдзæрттæ саразынæн зиугуыстæй хуыздæр амал нæй. — Зиуы æххуыстæ дæр ма кæмæй домдæуа, адæм фыдæл- ты кад æмæ радæй куы фæхаудтой, уæд?!. — Хауд æмæ цы хуызæн хауд, куыдз дзы йæ хицауы нал æмбары!.. Гæвдийæн фæндаггæтты ныхæстæм хъусгæйæ бинонтæ йæ цæстытыл уайынц. Райгуырæн уæзæгыл ма хæдзар цы баййæф- таиккой, æндæр нал — фосы муртæ, нал цæрынæн-æндæр исты æфтиæгтæ... Лидзæджы номыл сын гæххæтт бæргæ рад- той, фæлæ дзы кæм цы ис спайдагæнæн?!. Искуы быдыры зæххы хай райстаиккой, æмæ хæдзар саразынæн цыдæртæ хъæуы. Ныр та бинонтæ дыууæ дихы фесты уавæрты ахæсты æмæ сæ бæндæн ногæй дыууæ тагæй бæттинаг фæци. Дыууæ тагæй — дыууæ раны цæргæйæ, хохæй быдырмæ, быдырæй хохмæ ивазгæйæ... Каисты кæрты куы балæууыд фæсахсæвæрты, уæд фыдæлты ныхас йæ зæрдыл æрлæууыд: цыфæнды мæгуырæй дæр — хи хæдзар, æмæ хорз лæг каистæм цæрын сæрмæ нæ хæссы...
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ ^^^^т) Æнафоны уазджытыл фысымтæ куыннæ бацин кодтаиккой. Мад йæ чызгыл ныттыхсти æмæ æхсызгонæй дзуры: — Æгайтма дзæбæхæй бынатыл сæмбæлдыстут! Зæрдæ уæм æхсайдта, фæлæ уын цы мæ бон уыди. Æхсæны куыстæн дæр уын цæй ныууадзæн уыдаид рæстæгæй раздæр. Гъемæ, Лæгты- дзуар æмæ Мадизæнæн нæ кувинæгтæ адджын фæуæнт, сымах рæствæндаг чи фæкодта!.. Мадмæ кæсгæйæ Зæлинæйыл кæстæр хо дæр баузæлыд, фæлæ хистæр уыцы ракæнон хуызæй стыр ныхæстæ кæныныл фæци: — Дæ хъулонуарзт чызджы, нана, ам кусынæй дæр бар уыди, фæлæ йæхи фæнд атардта æмæ æнафæтты лидзæггагæй хауæггаг фæци... Гъемæ цы хуызæн цард агуырдта, уый йæ къухы бафтыд... — Ды та ма уæлдай къахæн ныхæстæ фæкæныс, æмæ уыдон фæлладæй лæугæ кæнынц, — сиахсы цонгмæ февнæлдта мад, æрбад уал, зæгъгæ. Гæвдийы хъустæ, зилгæ куыройы бын лæу- уæгау, ныхситт ластой йæ бинойнаджы хистæр хойы æнæу- уылд сæртæг ныхасæй, фæлæ ницы сдзырдта, æнæ уæлдай змæлдæй æгъдауыл фысымты дæллагфарс фæхсбандоны кæрон æрбадти æмæ сыджытбын тыргътыл йæ цæст ахаста цырагъы рухсмæ... Райдайæнæй кæронмæ адæймагæн цард у удфæлварæн æмæ тыхæвзарæн. Уыцы дыууæ хъомысæй адæймаг цас цæттæ ра- зыны, уымæй асдæрд æрцæуы йæ развæндаг фидæны хуыз- дæрмæ тырнгæйæ. Гæвди уæлдæр ахуыр райста, фæлæ уыцы дæсныйадимæ фосы æмæ зæххы куыстæгтæй цух нæ зайы. Фæрæт æмæ цæвæг фидауынц йæ къухты. Ахуыргæнæджы куысты мыздæй хъаны цард куы кæнид, уæддæр æнæ армы фæллойы æмæ сау куысты цинæй адæмы рæгъы цæуын нæ базонид... Дыууæ, æртæ боны æнцад бадгæйæ уазæджы хæринаг фæхорд- та, стæй каисты æнæлæг хæдзары бæстæттæм, куыстæгтæм бæстон æркасти. Кæм хæсты бонтæ сæ фæд ныууагътой зæронд агъуыстыл, кæм та йæм рæстæг бавнæлдта йæ дæрзæг къухтæй хурæй, къæвдайæ, æмæ дзы ис дзæвгар æмпъузинæгтæ. Са- быргай сæм куыд æвналы, афтæ сидзæргæс мад йæ цуры рай- гондæй балæууы æмæ аудæн фæлмæн хъæлæсæй фæзæгъы:
._ ._ Айларты Измаил ^5^ — Тæхудиаг, дæхи тыхсты уæлдай ма дын мах та — дыккаг уаргъ! Сæрды дыууæ боны куынæ баулæфай, уæд зын у скъо лайы куыст, æмæ уал æрбад!.. — Иууыл бадынæй улæфæнтæ нæй, — фæзæгъы Гæвди бæстон архайгæйæ. Уæрдоны цалх æрхъуын куы фæуа фæнда- гыл цæугæйæ, уæддæр ын хъæуы тала бæласæй гуыфхъæл. Зæронд агъуыст та хъарм ныхæстæй нæ барæвдзытæ кæндзынæ, æмæ — цæмæй? Зæхбын цæрæн хæдзар нырма фидар лæууы. Фæлæ хъæдын уатæн йæ тыгуыры æмбæрзæн дуртæ сæстытæ- тæстытæй тæккæ тигъыл кæрæдзийæ фæиппæрд сты, æмæ дзæвгар рæстæг æвæгастæй бынæй хъæдæрмæг бамбыд суанг æлхынцъæвæрд къулты онг. Уыдонæй цæмæ бавналай, уый ин- нæуыл æнцайы, æмæ сты хайгай ивинаг. Фæйнæджы гæппæлтæ сæм фæстауæрцæй кæмдæрты разынд æфтауæнтæ- æмпъузæнтæн, фæлæ хъайвантæн сæ кæрæттæ дыууæ раны бамбыдысты æмæ уыдонæн хъæуы фидар хъæдæрмæг. Фæзылд къуымты, фæракæс-бакæс кодта уынджы сагъд акъаци бæлæстæм, æмæ зылынтæй — хихджын, хъайванæн нæ, цармæ быцæуæн авæрынмæ дæр нæ бæззынц. Егъау цæхæрадонæн сын, йæ фылдæр æмбис — дыргъбæлæстæ, йæ алыварс кæмдæрты æмбондгæрæтты бæрзонд фæцыдысты рæхснæг не- рджитæ, æмæ уыдон сбæззиккой, бæстон самайгæйæ, хъай- вантæн, фæлæ кæй сагъд уыдысты, кæй хаймæ хауынц, уый — хъуыдыйаг. — Уæ цæхæрадоны кæрон нерджи бæлæстæ кæй сты, сых- æгты æви сымах? — афарста бинойнаджы мады. — Донырдыгæй бæлæстæ — нæхи, иннæтæ — сыхæгтимæ — иумæйаг, — бамбарын кодта уый, йæхæдæг афарста: — Æмæ цæййаг сты? — Хъайвантæн сбæззиккой акалгæйæ. — Хуылыдзæй? — Иугæр агъуысты сæ бынат куы ссарой, уæд схус уыдзыс- ты, — бæстон бамбарын кодта йæ фæндон Гæвди, æмæ фæрæвдздæр сæ хъуыддаг. Хъайванты уæлдай дыууæ рæхснæг нерджийæ рауад быцæутæ дæр æмæ æмбæрзæн дурты бын авæ- рынæн рæфтæ дæр. Сыгъдæг стыгъдæй сæ æмраст самадта фæр!æтæй, сбарста сæ æфтуантимæ, стæй цыппар раны агъуыс- ты тыгуырмæ быцæутæ сæвæрдта хуылфырдыгæй æмæ æмбыд хъæдæрмæг арæхстгай æркалдта. Зæгæлты онг æрмæг куы сцæттæ, уæд æй Зæлинæ фæрсы:
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ — Лæгæмбалæн дын сыхæгтæй искæмæ фæдзурæм? — Ныр дзы зынæй ницуал и, æмæ ма сыхæгты дæр цы тых- сын кæнæм, — зæгъгæ, цæттæ æрмæг карст-барстæй уайтагъд сæ бынæттæ ссардтой, æмæ зæронд ус куыннæ бацин кодтаид: — Фæрнæй фæдар уыцы дыууæ къухы, фæрнæй! Нæ иунæг уаты къуыммæ бацæуын дæр нал уæндыдыстæм æркæлынæй тæрсгæйæ, ныр ноджы хуызæн сси, тæдзынæгæй дæр фервæз- тыстæм... Фыдгулы хæдзар афтид сылгоймæгты æвджид баз- зайæд, уæд бонæй-бонмæ æгуыдзæгдæрмæ цæуы. Фæрæтæн хъæд саразыны тыххæй дæр сыхæгты лæгтæм æнхъæлмæ кæс, æмæ уыдонæй дæр алкæмæн — йæхи куыстæгтæ, — фæиу сты сидзæргæсы ивгъуыд мæстытæ царды ног уавæртимæ ивгъуыд тыхст азтæ æвдисæны даргæйæ. — Æфсæрмаджы кæстæр дæ æмæ мæ уыдæттæй нæ фæрсыс, фæлæ цард фæлывд у. Гуыпп хæдзарæй æрæййæфтон мæ сæры хицæутты бинонты. Фондз сæм хосдзау лæгтæ уыди, фондз хуымгæрдæг чындзытæ сæ бирæ цотимæ, æмæ алцы куыстагыл дæр зиууæтты хуызæн æххæстысты. Уынджы иу тигъæй иннæмæ — сæ бæстыхæйттæ. Уыдонæй раздæр мæнæугæрдæн никæмæ уыди хъæубæсты, иннæ бæстæтты нал нымайын, æмæ фондз азмæ уыйæппæт би- нонты цард къæссавæлдæхт фæци. Бæхæй, уæрдонæй фæллæйтты æмбаладмæ айстой ногцард аразджытæ, æмæ æфсымæртæ кæрæдзийы фæдыл фæмардысты, цыма сыл рын сыстади. Баззадыстæм ма мах цалдæр файнустæй нæ сидзæр- тимæ, æмæ уыдон дæр мæгуыр царды уавæрты фæхицæнтæ сты. Куыд фæзæгъынц, нæ иумæйаг бæндæн иу тагæй нал æххæссыд æмæ йæ цалдæр таджы кодтам. Гъемæ тыхивæзтæй лæмæгъдæр бынæтты скъуыди. Рагъæй гуыбынæн ауæрстам, гуыбынæй — рагъæн, афтæмæй нæ фыдбоны хæст æрæййæфта, æмæ цыппар азы дæргъы сур къæбæр дæр бахæрынмæ нал уыди. Зæхх дæр топпыхосы æмæ туджы тæф скодта. Мæ иунæг лæппу кусынхъом куы фæци, уæд уалдзæджы къæсæрыл уæртæ цæхæрадоны астæу дыууадæсаздзыдæй къабазгай баци: фыд- боны немыцы рæмудзæнгæрзтæ йыл фехæлдысты... Уыцы ныхæстæм Зæлинæ йæ фарсмæ алæууыд æмæ йæм лæгъстæгæнæгау дзуры: — Нана, ныууадз-ма зæронд мæстытæ фæлхат кæнын, нæхи дæр цæрын хъæуы. — Цардæй бафсæдут, кæстæртæ, фæлæ æнæ ивгъуыд бон- ты зынтæ зонгæйæ абоны цардæн аргъгæнæн нæй. Æппæты
(^4оЧ^ -*-._ Айларты Измаил фыццаг нымаинаг у удты æнæниз æмæ сæрты сæрæгас, уый фæстæ лæг амæлттæн конд у. Бонзонгæйæ сабыргай кæд цæры- ны уавæртæ фæхуыздæр уаиккой... Мæйы дæргъы Гæвди каисты хæдзары бæрнаджы уавæры йæхи хатыдта, кæд æгуыстæй нæ бадти, уæддæр. Сæрды дыу- уæ мæйы куынæ куысты бынат бацагура, куынæ цæмæйты цæрдзысты, ууыл ахъуыды кæна, уæд ыл фæззæджы цыбыр уазал бонты цъысцъысаджы æмбисонд æрцæудзæни йæ зæрдæхсайгæ бинойнагимæ. Дыууæйæ сæ фæстаг мæйты куысты мызд фæззæгмæ хæринаджы фаг у бонзонгæйæ, стæй цæмæй цæрдзысты?.. Уыдæттыл Зæлинæ дæр куыннæ хъуыды кодтаид, фæлæ чызджы номæй уыди йæ фыды хæдзары æмæ уыйбæрц кæцæй тыхстаид фидæны бонтыл. Сидзæргæс мады та фæнды, дыууæ кæстæры уым цæргæйæ куы баззадаиккой, уый. Иу æмæ дыу- уæйæ нæ цæрынц сæ каисты хæдзæртты ног æрбалидзджытæ. Уæдæ ма хæстæг сæрнизæн хъæуы бахъуыды заман?! Егъау цæхæрадон сын. Цæрæн агъуыст мæнæ быгъдæджытæй нæу, фæлæ рæстæгмæ бабыхсдзысты, стæй зæххы хайы хибарæй хæдзар саразиккой. Мады хъуыдытæ Зæлинæ бæстондæр зыд- та, фæлæ дызæрдыг кодта: иуæй, хистæр хоты цæстæнгасмæ касти, иннæмæй Гæвдимæ æндæр уынаффæтæ уыди суанг хохы райгуырæн уæзæг бабæрæг кæныны онг, æмæ йæ бæстон ба- фæрсынмæ ныфс нæ хаста... Иу уаргæ бон гонварсы зæхбыны хибарæй бадгæйæ аззадыс- ты дыууæйæ, æмæ, агъуысты тæдзынæгмæ хъусгæйæ, Гæвди бафиппайдта: — Ныр сæрд фæззæджырдæм фæкъул, æмæ куыст агурын хъæуы, стæй нæ царды иннæ уавæртæ уыдзысты уымæй аразгæ. — Раздæр уал хохмæ цæуинаг куы уыдтæ, — улæфæгау æм бадзырдта Зæлинæ. — Уыдтæн, фæлæ дæу ныр уыцы хуызæнæй куыд ныууа- дзон... Хохмæ сæрæгасæй — иннæ сæрд, ныр та зымæджы кой бакæнæм, æмæ тæккæ райсом куыстагур цæуын, хæстæгдæр хъæутæм. — Сахармæ дæ нæ фæнды? — Сахары мах уавæрты зындæр цæрæн у. Иунæг фатерæн дзы мæйы мызды æртыццаг хай хъæуы, æмæ ма цæргæ та цæмæй кæндзыстæм? — Омæ дæ куыд фæнды, афтæ бакæн, — йæхи фæнд никуы
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ ^^^7\) тардта бинойнаджы номæй Зæлинæ, цардæмбалы ныхасыл æу- уæндгæйæ, уый æууæнчы цæугæйæ... Дыууæ районы хæстæгдæр хъæутыл фæзылди Гæвди рай- сомæй изæрмæ æмæ дзы куысты бынат ссардта Астымы хъæуы авдазыккон скъолайы. Хъæу, зæгъгæ, хаста æрзæткъахджыты поселочы ном. Цардысты дзы хæццæйæ цалдæр адæмыхатты, сæ фылдæр — ирæттæ æмæ уырыссæгтæ. Кодтой æрзæткъах- джыты номыл зæххы æмæ фосы куыстытæ. Дардтой дзы хъом- вос, хуытæ, кæрчытæ æртæ раны хибар скъæтты. Уыди дзы æнæ уынг бæрæгæй æхсæнадон бæстыхæйттæ поселочы со- ветæн, медицинон кусджытæн, хыгъд нымайджытæн, стæй скъо- лайы бæстыхай. Кусджыты цæрæнуæттæн — иумæйаг æмæ хибар хæдзæрттæ кæм уæладзыгæй, кæм та ныллæг арæзтæй. Дыууæ уæладзыгон хъæдын бæстыхай астæуæй бæрæГ дардта иннæты æхсæн. Хыгъд нымайджыты бæстыхайæн йе ’рдæг ах- ста уæйгæнæн, æмæ дзы балхæнæн уыди хæринæгтæ, нозт, стæй æндæр цæрынæн хъæугæ дзаумæттæ, фæрæзтæ. Цыбыр ныхасæй, скъолайы бынат йæ царды уавæртимæ Гæвдийы зæрдæмæ фæцыди. Фатеры къуым ын дзы уыдзæни æмæ æдыхстæй цæудзæни йæ куыстмæ... Сæ ног куысты бынаты уавæртыл Зæлинæ куыннæ бацин кодтаид: фатеры къуым сын дзы, уыцы иу зылды — уæйгæнæн, скъола, хæрæндон, медпункт æмæ æндæр æхсæнадон бæстыхæйттæ. Кусын ма сæ хъæудзæни, æмæ сæрæгасæй кæд сарæхсиккой... Ноджы йæ цæгаты хъæумæ хæстæг у æмæ-иу сæм хуыцаубæтты уæддæр бауайдзысты... Ахуыры азы райдайæнмæ Гæвди цалдæр уады скодта райо- ны ахуыры хайадмæ, базонгæ дзы кæйдæртимæ разамонджытæй, æмæ фыццаг бакастæй зæрдæмæ фæцыдысты. Æхсæны кус- джытæй йын разынди зонгæтæ, хæстæджытæ дæр, æмæ куыннæ барадаид зæрдæ ног куысты бынатæй. Ног, зæгъгæ, Астымы быдырты фылдæр æрбынат кодтой Гæвдийы комбæстæй ра- лидзæг хæххон адæм, æмæ сæм уæлдай хуыздæр зæрдæ дард- та. Хъулгъайы бæсты тыхмитæ æмæ тыхцæрдтыты фæстæ йын йæ комбæсты адæмы хъæлæс дæр хаста уæлдай цины зæлтæ Мамысоны æфцæгæй суанг Æрджынарæгмæ. Æмбисонд у фы- дызæххæн йæ дон, йæ сыджыт дæр. Дыууæ фæлтæрæн Æры- доны цæхгæрмæ бауади æмæ йæ галиу фарсы пыхс хъæды дзæвгар афæстиат, цыма Назджыны фестад... Кæцыфæнды бæстывæрд ма райсæм, уæддæр рæстагæй адджын дæр йæ адæ-
Айларты Измаил мы номæй вæййы, æнад дæр... Гъемæ бæстон æрыхъус адæмы царды хъæрмæ, уæд цинтæ æмæ мæстытæй зæлы хъисфæн- дыры цагъдау, хосдзæутты зарæгау. Зæрдæйы хорзæн æмбал нæй, фæзæгъынц, фæлæ зæрдæйы хæрдзтæ цин æмæ масты тæразыл лæууынц, уыйадыл сын хъæуы рæстаудæны бар- джытæ... Куысты бынатимæ Гæвди æмæ Зæлинæйыл æрцыди дыккаг хорзæх фыдыуæзæгыл: Атынæджы бон сын сси æртыккаг рай- гуырæн бон сæ чызджы райгуырдимæ, æмæ сæм уарзон адæм хæстæгæй, хицонæй бадзурдзысты ныр мад-фыды номæй, ный- йарæг æмæ схæссæджы фарнæй... Амæндтæ æмæ æхсызгæттæ бирæ сты дыууæ æвзонг цардæмбалæн, фæлæ дзы цоты цин бавзарынæй егъаудæр æмæ уæлмонцдæр нæй хæрзудæбæстæйæ. Цоты цинимæ мад æмæ фыды хæстæ бацæуынц царды бæрны адæмы иумæйаг уагыл, æмæ уымæй ифтонггонд æрцæуынц фæлтæрты бастдзинады тæгтæ фидæны рухсдæрмæ, хуыздæрмæ тырнгæйæ... Чызгæй, лæппуйæ мад æмæ фыдæн фыццаг зæнæг бæрæг адджындæр вæййы цотхалы æвдисæнтæй, фæлæ æппæт бинонтæ иухуызон цæстæй кæм фæкæсынц æрдзы уыцы стыр цаумæ. Кæй чызг фæхъæуы, кæй лæппу алы уавæрты хицæн хъуы- дытæ кæнгæйæ. Фæлæ Хуыцау цы ратта, Мадизæн цы сныв кæна, уымæй — разы æнæ уæлдай дзырддагæй. Зæлинæ ма хæстæджы арфæйæн къуызгæ ныхасæй дзуапп ратты, фæлæ Гæвди, фыдæлты фарныл хæцгæйæ, адæмы æфсармы бацæуы æмæ æдзæмæй лæугæйæ баззайы хæстæджыты, зонгæты цæст- уарзон арфæтæм.Чи дзы фæзæгъы, авд æфсымæры хо фæуæд ноггуырд, чи — фараст æфсымæры хо, æмæ адæмы цæстуар- зон арфæтæ хæрзудыбæстæйæ бирæтыл æрцæуынц, зæрдиаг хъусæг сæм куы разыны, уæд... КОММУНИСТОН ÆХСÆНАД АРАЗДЖЫТÆ Хорз цæрын кæй нæ фæнды, уый амæлæд, кæддæра чи амæ- лид! Фæлæ цард фæндоныл иуæн дæр нæу. Адæймаджы цард фæндоныл куы уаид, уæд дзы иугъæдоны æфсæст æмæ фæлыстæй зæрдыл цы бадарид? Цард æмткæй лæууы цинтæ æмæ мæстыты тæразыл æмæ, доны тæбæгъау, куы чердæм фæкъул вæййы, куы чердæм. Уыйадыл царды æппæт хæрзтæ æмæ фыдæхтæ сты æвидигæ. Хæрзтæм зонгæ-зонын тырнæм,
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ <^^^43) фыдæхтæй нæхи хизæм. Фыдæхтæ æмæ фыдбылызтæй йæхи чи хизы, Хуыцау дæр уымæн æххуыс кæны. Йæ къух арты чи тъысса, уымæн басудзы, йæхи былæй чи æппара, уымæн дæр Хуыцау йæ фæдджитыл нæ фæхæцдзæни. Æрдзон-гуырдзон уаг æмæ хъомысæй царды æппæт хæрзтæ дæр сты хæрзаудæнæй ауæрдинаг. Цæттæтæ-бæстæттæ, æлу- тоны цæджджинагау, уæле исгæ, бынæй ахадгæ не сты, иугæн- дзоны хардзæн бирæ нæ лæууынц, бонæй-бонмæ, азæй-азмæ сыл хидгуысты фæллæйттæй æфтауын хъæуы. Уæрæсейы алы æвзæгтыл дзурæг дзыллæтæ СОВЕТОН АДÆМЫ номæй фæсхæсты дæс, фынддæс азмæ удуæлдайæ уыйас ныхбынæй фæкуыстой, æмæ сæ бирæ фæллæйттыл фæсарæнты цæрджытæ дæр дис кæнынц кæм тæхудиаджы, кæм та хæлæджы уагæй. Бæстæттæ-фæллæйтты нæхимæ хæлцы æмæ дзаумайы æргътæ авд хатты къаддæр фесты хæсты аз- тимæ абаргæйæ... Дзæвгар раппæлинаг, бафæзминаг хъуыддæгтæ Советон Паддзахадæн æмæ советон адæмæн цыбыр рæстæгмæ!.. Фæлæ зонадон цæстæй адæмы миддунемæ лæмбынæг æркæс, уæд æфсæст æмæ фæлыст советон адæм удыхъæдæй дзæвгар фæмæгуырдæр сты... Рæстагæй куыстуарзон фыдæлтæм ком- мунистон æхсæнад аразæг хицауад рæстæгмæйы уæлахизты сæрбæрзондæй акастысты, æмæ азæй-азмæ, æхсæны галдзар- мау, æмпылынц сæ удхъомысы хуыздæр хæзнатæ. Нырмæ ар- æзтам социализм æхсæнадон уагыл, æмæ хæдзæртты — хицæнтæй цæрджыты исбонад бонæй-бон куынæгдæрмæ цыди. Уыйадыл хъус-хъусæй хъуыстысты кусæг адæмы ныхæстæ, цæттæ низ аразæм бæгънæг æмæ æххормагæй, зæгъгæ. Ныр советон адæмы бынхор хицауад фидиуæджы рындзæй дунейыл ныхъхъæр кодтой, ссæдз азы фæстæ цæрдзыстæм коммунис- тон æхсæнады, зæгъгæ, æмæ фыдæбойнаджы фæллойгæнæг адæм æргомæй дзурын райдыдтой, кæмæн — исты, кæмæн та — æппындæр ницы, ахæм цард аразæм, зæгъгæ. Гъемæ, рæстаг кусæг адæм цы фæзæгъынц, уый æрцæуы. Æмæ сæ ныхæстæм цынæ байхъусгæ вæййы æргомæй, сусæгæй: — Зæрдæйы цы фæнды, уыдон къухы куы ’фтиккой, уæд бæргæ, фæлæ адæмты фæндæттæ æмæ хъуыддæгтæ иу фæдыл никуы цыдысты. Фæндæттæ хæссын æнцон у, хъуыддæгтæ ара- зынæн та бирæ зонд æмæ хъару хъæуы, æмæ нæ ныры хицауад æгæр сæхиуыл феввæрсыдысты цæттæтыл кафгæйæ. Социалис- тон цард сарæзтам, зæгъгæ, бæргæ æппæлынц, фæлæ нæ уый
'44^2=~&;^. Айларты Измаил саразынмæ нырма бирæ къахдзæфтæ хъæуы. Цы амоны социа- лизм, хæринаг у æви нуазинаг? Æнæ хæргæ æмæ нуазгæйæ хъæздыг дæр нæ цæры, мæгуыр дæр, фæлæ хæрд æмæ нозт, фæллæйттæ æмæ бынтæ цардыл æфтыдысты иугæндзоны куыс- ты руаджы. Социалистон царды хъуамæ магусатæ æмæ æввонг- хортæн, давджытæ æмæ фæлитойтæн бынат ма уа. Чи цас арæхсы кусынмæ, чи цæйбæрц фæллой дæтты æхсæны исбонмæ, уыйас мызд æмæ æфтиаг хъуамæ иса йæ куыстæн. Махмæ та куыд уыди æмæ ныр дæр куыд у социалистон цардыуаг? Заво- ды, фабричы иу кусæг мæйæн цы мызд иста æмæ исы, уыйбæрц æфтиаг колхозонмæ нæ хауы бирæ рæтты йæ афæдзы куыстæн. Гъемæ, дыууæ хуызы кусджытæй чи хуыздæр арæхсы кусынмæ, чи фылдæр æфтиаг хæссы æхсæны къæбицмæ, уый нымады нæ цæуы, афтæмæй дыууæйæ дæр сты социалистон цард араз- джытæ, æрмæст заводы кусæг — æфсæстæй, зæххыл кусæг та — æххормагæй.Афтæмæй æфсæст æмæ æххормаджы ахуыр кæнæм социалистон зондахастыл, хæларæй, уарзонæй, рæстагæй цæрыныл, райгондæй кусыныл... — Иу иннæйы фæллойæ хъуамæ ма цæра дæлбарад æмæ æлдарады уагыл, иу иннæмæн хъуамæ ма куса æххуырсты мыз- дыл, зæгъгæ, амоны социалистон зондахаст, афтæмæй паддза- хад йæхæдæг сси фыццаг уæлбар, адæм та йын æххуырсты мыздыл кусджытæ, æндæр ма искуы ахæм диссаг æрцыди?!. Нæ нæлгоймæгтæ куыстуарзондæрæй куыд арæхстджындæрæй сæ хæдзæртты куыстæгтæ ныууадзынц æмæ афардæг вæййынц куыстагурæй суанг Сыбыры салд къæймæ. Уым бынæттон кусæг адæмæйхъуаг уой æхсæнадон кусæнуæттæ, уый кæй бауырн- дзæни. Æмбисонд уымы хъæдгуыстгæнæг адæм куы уыдысты. Фæлæ уыдон та æндæр рæттæм цæуынц, æвæццæгæн, куыста- гур стыр даргъ сомтыл. Гъемæ, Уæрæсейы куыстуарзондæр адæмтæ дыууæрдæм цоппайыл систы стырдæр æхцаты фæдыл, æмæ фæсивæдæй бирæтæ удæгасæй сæ хæдзæрттæ дæр нал ссарынц... — Æмæ Уæрæсейы куыстуарзондæр адæмтæ цæмæн афтæ схауæггаг сты, уый дæр æххæст зæгъут, науæд сæм фæсно- мыгæй дзурынц, шабашниктæ, зæгъгæ. — Шабашниктæм, стыр хъыгагæн, хауынц ахуыргæнджытæ, дохтыртæ, инженертæй дзæвгар. Сæхи дæснайадыл сын рай- гуырæн зæххыл бынат нæ вæййы бирæ æфсæнттæй, æмæ æндæр рæттæм куы афтынц, уæд мызды хорзимæ сæ куысты дæсны-
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ ^^ш^А5) йад дæр разыны. Уый иу æмбисонд, иннæ æмбисонд та уый у, æмæ бынæттон хицауадæн шабашникты куыстæй ис дывæрсыг пайда: иуæй, æмгъуыдмæ аразынц, иннæмæй, сæ куысты мыздæй гæртамы хуызы ныууадзынц арæзтады разамонджытæн кæм æхцайæ, кæм та арæзтадон æрмæгæй. — Шабашниктæ уыйбæрц кадджын систы коммунизммæ фæндагыл цæугæйæ, æмæ паддзахадон кусæндæтты куы фæзы- ной, уымæй дæр тас у. — Фыдбылызæй тæрсын фæхъæуы рагацау, цалынмæ не ’рцæуы, уæдмæ. Паддзахадон кусæндæтты шабашниктæ рагæй кусынц, æндæр гæртам коммунизм аразджытæн сæ уды рæби- нагдæр тугдадзин нæ уаид. Æнæ гæртам бафидгæйæ дæ бынæт- тон куыстмæ дон уæйгæнæгæй дæр нæ райсдзысты, æмæ, дам, уый дæр социализм аразджыты уагæвæрд у. — Гъемæ, гæртамы, зонгæйы, хæстæджы, фарсхæцæджы, мæнг æвдисæны сæрыл сси цард æмæ йын быхсын хъæуы, хуыз- дæрмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Цæмæй, цæмæй, фæлæ быхсынæй фыдæбойнаг кусæг, фæллойгæнæг адæмты чи амбулдзæни?!. Быхсы Гæвди дæр адæ- мы ныхæстæм хъусгæйæ, уæдæ цы кæна? Нæлгоймаг ахуыр- гæнджытæй йæ ахуыргæнæджы куыст ныридæгæн бирæтæ ныу- уагътой, стырдæр мызд агургæйæ, фæлæ уым фæзминагæй ницы уыны. Ау, ахуырад ницыуал давы?!. Тыххæйты кæсын, фыссын чи базыдта, уыдон ныр базарады куысты улупаджынтæ систы рæстæгмæ, æмæ уæлдæр ахуыр чи райста фынддæс, ссæдз азмæ, уыдон дæр æхцайы фыдæй сайыны куыстытæ агурой?!. Ахæм фарстатæ ма кæрæдзимæ дæттынц иугæйттæ, æнæ давгæйæ, æнæ сайгæйæ сæхи хидвæллойæ коммунистон æхсæнад чи аразы, уыдон. Фылдæр адæм та алы мадзæлттæй архайынц æхсæнады фæллойæ фылдæр ратоныныл, æхсæны куывдæй хуыздæр хæйттæ райсыныл æмæ сын æнтысгæ дæр кæны. Гæвдийы хæстæджытæй, зонгæтæй уæйгæнæнты, хæрæндæтты, æхсæнады хордæтты æмæ къæбицты бирæтæ кусы гыццыл мыздыл. Рæстæмбис ахуыргæнæджы мыздæн йе ’рдæг дæр нæ исынц, афтæмæй нæдæр дзаума хъуаг сты, нæдæр хæринаг. Уæд куыд æгъдауæй?! Йæ мæйы куысты мызд фондз, æхсæз туманæй фылдæр кæмæн нæу, уыцы базарадон кус- джытæ хуыздæр цы хуызы цæрынц, дæсгай тумантæ цы ахуыр- гæнджытæ, дохтыртæ æмæ инженертæ исынц, уыдонæй?! Гыц- цыл куысты мыздæй хуыздæр цæрæн ис æрмæстдæр давæггаг,
:/4б^^^ч^ж Айларты Измаил сайæггаг æфтиæгты фæрцы, æмæ уыцы давыны, сайыны ма- дзæлтты хицауад æнæ уынгæ, æнæ æмбаргæ нæу, уæддæр хъусæй лæууы æрмæстдæр уымæн, æмæ æхсæнадон фæллой давджытæй уымæ дæр йæ мызды уæлдай уæлæмхасæн æфтиæгтæ хауы. Цæвиттоны хъуыддагæй, ссæдз азмæ Уæрæсейы адæмæн ком- мунизм саразынæй зæрдæ цы хицауад бавæрдта, уый барадон закъонтæ фыссы иу хуызы, кæнгæ та сæ кæны бынтон æндæрхуы- зонæй. Зыруджы сауджынау дзургæ — иу хуызы, кæнгæ — иннæ хуызы. Уыйадыл хъуыддаджы ныхæстæ бонæй-бон се ’ууæнк сафынц, æмæ уыцы уавæр у хæцгæ-цæугæ низæй тæссагдæр æхсæнадон цардæн... Хицæнтæй бинонты цард рæстмæ куынæ цæуа, уæд æхсæна- дон цардæн дæр фидар бындур нæй, æмæ куыдфæстагмæ сове- тон бинонты цард къæссафæлдæхт фæци. Иу цары бын цæргæйæ дæр налдæр иумæ кусынц, налдæр иумæ хæрынц. Цалæй мызд исынц, уал чыссæйы дарын райдыдтой, æмæ сæ зондахаст дæр у сæ царды уавæрты хуызæн гуыбынæй аразгæ æгомыг фосау. Ныридæгæн бинонты нæлгоймаг хистæр æмæ сылгоймаг æфсины уæз нал и, стæм хæдзары ма фендзынæ хордон æмæ къæбиц хибæрттæй. Уыцы уавæрты бинонты хæринаг æмæ дзаума фылдæр у æлхæнæггагæй... Гæвди ног бинонты бæрны бацыд афтид армæй. Куыд фæзæгъынц, фыдæй бынтæ кæмæн нæ баззайа, уый хъæздыг нæ кæны. Гъемæ сæ фыды бынтæ дæр хохæй быдырмæ ра- лидз-балидзæй фесты, сихсыдысты. Хохы ма сын хæдзар баз- зад, æмæ æфсымæртæ уым кæд ногæй фæллæйттæ скæной хуымзæхх, уыгæрдæн арæхæй, уæд хорз, æмæ уыцы фæллæйттæй дæр Гæвдийы ницы хъæуы. Хæхбæстæй куынæ фезмæлыдаиккой, уым цæргæйæ куы баззадаиккой æфсымæртæ фыдыуæзæгыл, уæддæр сæ никуы байуæрстаид. Фæлæ ныр ног уавæрты тыхиппæрд фæци фыды хæдзарæй æмæ уавæртæм гæсгæ амæлттæ хъæуы. Кусыны, цæрыны амæлттæ — афтид армæй, хъæл æмæ лæдзæгæй, кæй загъдæуыд... Нæ фыдæлтæн иугъæдоны рæстагæй, куыстуарзонæй æнæба- ры бæх хаста дыгæйттæ æмæ æмбисондæн баззад. Ныр ком- мунизм аразæг советон адæм æртыгæйттæ хæссынц, уаргъджын хæрд>кытау, æмæ сыл дис дæр ничи кæны, æмбисæндтæ дæр сыл ничи хæссы... Йæ ног куысты бынаты Гæвдийæн бирæ зынтæ разынди. Поселочы æмдзæрæнтæй йын иуы радтой цæрæнуат, сынтæг
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ ^^^4?) æмæ фынг кæм æрæвæрдтаид, ахæм æнæ уæлæмхасæн хатæнтæ, фезмæлæнтæй. Æвæццæгæн бынæттон хицауад сæхинымæры загътой: лидзæггагæй хауæггаг дæ æмæ бузныг зæгъ, иумæйаг цары бын дæм хибарæй уат кæй æрхаудта, уый тыххæй. Уæле дыл нæ тæдздзæни, иннæ цæрыны фадæттæн дæхæдæг амал кæн дæхи хидгуыстæй... Æмæ Гæвдийæн кусын амонын нæ хъуыди нæдæр зæххимæ, нæдæр фосимæ, нæдæр адæмимæ, кæй загъдæуыд. Астымы хъæуы дæс азы бакуыста ах- уыргæнæгæй æмæ гæххæтт, кърандасимæ йæ къухтæ нæ фæцух сты фæрæт æмæ хырхæй, къæпи æмæ къахæнæй, цæвæг æмæ халамæрзæнæй, дзæбуг æмæ аркъауæй, сарт æмæ лæгъзгæнæнæй... Астымы авдазыккон скъола арæзт æрцыди райдайæн кълæсты бындурыл. Йæ ахуырдзаутæ сæдæмæ нæ хæццæ кодтой, фæлæ дзы куыста дыууадæс ахуыргæнæджы. Уыдонæн разамынд лæвæрдта иунæг директор æнæ завучæй. Ахуыргæнджытæ фондзæй уыдысты бынæттон, иннæтæ æрвылбон цыдысты рай- онæй æмæ райсомæй изæрмæ куыстой, архайдтой. Кусинæгтæ та райдайæнты — дзæвгар... Скъола авдазыкконы номæй рай- дыдта кусын уыцы фæззæг æмæ бирæ цæмæйдæрты уыди хъуаг ахуыры азы райдайæнмæ. Кæддæры дойнаг дурæй амад дæргъæлвæст хуыдоны бæзджын систæ фæбæрзонддæр код- той, цъуппæвæрдæй йын æрцагъуыстой йæ тыгуыр ног хъæдæрмæг æмæ шиферæй, къултæ чъырæзмæстæй æддæг- мидæгæй бæзджын байсæрстой, сцагътой сæ чъырæй, æрвгъуыз ахорæнæй сахуырстой дуæрттæ æмæ рудзгуытæ, морæбын ахорæнтæй — бынасдæрдтæ. Æртæ раны дзы къулты самадтой дурын пецтæ. Æдæппæтæй ногарæзт скъолайы уыди æдде ба- хизынæн иунæг дуар нарæг тыргъимæ, мидæгæй та æхсæз хицæн хатæны. Уыдонæй цыппар бæрæг егъаудæрæй — ахуыргæнæн кълæстæ, дыууæ бæрæг къаддæрæй — кабинеттæ директор æмæ ахуыргæнджытæн, æмæ æхсæны тыргъ уæлдай быгъдæгдæрæй ахсы агъуысты æмбис, æндæр дзы нæ кæсæндонæн ис бынат, нæ æрмадзæн, нæ исты дзаумæттæ æрæвæрынæн... Директор — бæрзонд уæнгджын нæлгоймаг. Йæ асæй æфсæрмыгæнæгау гæзæмæ гуыбырæй уæззау къахдзæфтæй цæуы гыццыл галиуырдæм чиугæйæ. Дзуры сабыр ныллæг хъæлæсæй. Фыццаг бонæй фæстæмæ Гæвдиимæ кæрæдзийы зæрдæмæ фæцыдысты æдде бакастæй: иуæй, ирон дзыхæй дзырд- той, иннæмæй, лæмбынæг хъуыстой ног уавæрты царды хъæрмæ,
;^45^^^^ж, Айларты Измаил стæй иу кары домæнтæн дзуапп лæвæрдтой æвзаг æмæ историйы ахуыргæнджыты номæй. Уымæй уæлдай æцæгæлон хъæубæстæм уыдысты æрцæуджытæ, æрæфтджытæ, æмæ уазæг уазæджы куынæ уарза, уæд фысым та сæ дыууæйы дæр нæ фæуарзы. Кæрæдзийы мидсагъæстæм сабыргай куыд хъуыстой, афтæ ныхасы æууæнчы дæр цæуын райдыдтой кусыны æмæ цæрыны уынаффæтæ кæнгæйæ. — Æз дæр фондз азы Хъуырыппы районы фæкуыстон, — дзырдта йæ ивгъуыд цардвæндаджы хабæрттæ аивæй Гырым иу уаргæ бон фæсурокты. — Фыццаг дыууæ азы станицæйы астæуккаг скъолайы историйы ахуыргæнæгæй, фæстаг æртæ азы та — районы ахуыры хайы сæргълæууæгæй. Раст зæгъгæйæ, мæ куыст дæр хорз цыди, мæ царды уавæртæ дæр æвзæр нæ уыдысты. Фæлæ райгуырæн зынаргъ у, мысыдтæн бинонты æмæ ныууагътон диссаджы фатеримæ мæ куыст дæр. Гъемæ фæрæдыдтæн: ам нæхимæ зæрдæмæдзæугæ куыст нал ссард- тон, æмæ дыууæ азы хохы цъассы ныддаудтон директорæй, ныр мæ тыхамæлттæй ардæм раивтой, æмæ, куыд фæзæгъынц, тæдзынæгæй цыхцыры бынмæ бахаудтæн. — Цыхцыры бынмæ та цæмæн? — афарста йæ Гæвди. — Уымæн æмæ быдыры лæгъзы, уæрæхы нæ ног скъолайы кусыны фадæттæ хæххон скъолайæ дæр сты бирæ къуындæгдæр. Дæлæмæдæр — цыппар кълæстæ, дыууæ кабинеты, иу тыргъ æмæ иунæг æрбахизæн, — нымайын райдыдта ногарæзт скъо- лайы хъуæгтæ, æмæ Гæвди ныфсæвæрæгау бафиппайдта: — Аразинæгтæ — бирæ, фæлæ æрзæткъахджыты хæдзарад æхцайы фæрæзтæй дæр хъæздыг у, арæзтадон æрмæгæй дæр æмæ нын кæд баххуыс кæниккой. — Æрзæткъахджыты хæдзарадæй хъæздыджы тыххæй ницы зæгъæн ис, фæлæ йæ хицауад мæнæ рæдæуттæй не сты. Ныры дуджы фылдæр кæмæ и мулк, уый æлгъиндæр у æмæ йæ но- джы фылдæр хъæуы. Дунейы аразæн æрмæг сæм ис уæртæ æхгæд кæрты, æмæ уыдонæй фæйнæджы гæппæл, тасмачъийы гæбаз лæвар раттын сæ цæст куынæ уарзы. Мах, дам, ног скъола сарæзтам нæхи æрмæгæй, æмæ йын ныр районы ахуырады хай цы \<æны дарддæр, уый йæхи хъуыддаг у. — Цыбыр ныхасæй, фыццаг расæрфтæн ног цæвæг дурыл сæмбæлди, æмæ хосдзауы зæрдæ нал райы. — Нал, бауырнæд дæ, — йæхи аивæзтытæ кодта Гырым, стæй
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ афтæ зæгъы: — Бынтон æнæныфсыл мæ ма банымай, фæлæ нæ фысымты цардыуагмæ куы æркастæн, уæд бирæ цæмæйдæрты нæ фæцыдысты мæ зæрдæмæ. Хъаст сæ нæ кæнын, фæлæ сæм уазæ- джы хардз дæр уæййаг у, афтæмæй сæ фылдæр ирæттæ сты. Дык- каг мæй дæн ам, æмæ нæ ахуырдзауты ныййарджытæй иу афтæ нæма загъта, мидæмæ нæм рацу æмæ дон уæддæр баназ, зæгъгæ. — Уазæгæн бынæттон хицауад та куыд сты? — Куыд сты, уый дардыл дзуринаг у, фæлæ уырыссаг куыд вæййы, раст афтæ сыгъдæгæй, закъонæй: Ваня, мой дорогой брат! Ты посиди здесь у входа, мы поужинаем, потом погово- рим по душам... Гъемæ сæ хицауад дæр уыйбæрц халсарт^гй, дыргътæй ахуыргæнджытæн æнæ рафысгæйæ, æнæ аргъ ба- фидгæйæ сонтæй ахæрынмæ дæр нæ ратдзысты, афтæ хæдзар- дзинæй «аудынц» æхсæнадон исбоныл. — Æхсæнадон исбоныл ауæрдын хорз у, фæлæ, — йæ хъуыды кæронмæ нал загъта Гæвди, æмæ Гырым йæ мидбылты бахудти, стæй хуыфæгау фæсус хъæлæсæй бафиппайдта: — Фæлæтæ æмæ куытæй хъавгæйæ дзурæм хицауады хъы- джы бацæуыны тасæй мæгуыры, ныхстуаты бынаты, уыдон та цардæй къæртт æппарынц, тъæпп хауынц. — Уæдæ, зæгъыс, хицауад — хъæздыджытæ, кусæг адæм — мæгуыртæ? — ныхас дарддæр агайгæйæ къахæгау фæрсы Гæвди, æмæ Гырымы цæсгом æваст фæтар, стæй афæлурс. — Хицауад куыд уæлдæр æмæ бæрнондæрæй мах хуызæн ма амæлайы къæбæртæ нæ хæрынц. Иуæй, сæ мызд дзæвгар фылдæр у, иннæмæй, æхсæнады фæллойæ хъауынц лæварæм- хасæнтæй, æмæ уыдæттæ ды дæр æнæуынгæ нæ дæ, фæлæ кæрæдзийæн былдауæнтæ кæнæм. Æрзæткъахджыты номыл ацы гыццыл поселочы цы фæллæйттæ и, уыдонæн банымайæн дæр нæй, æмæ сæ чи хæры, чи дары? Хицауад сæ иузæрдион- тимæ, йæ дзыхыл хæцын чи фæразы, афтæмæй дзидза чи хæры кусæг адæмы хидвæллойæ, уыдон. Уыдон сæхицæн сарæзтой советты номæй социализм æмæ ныр цæрын райдыдтой комму- низмы уагыл. Æркæсдзынæ сын сæ митæм. Поселочы бæстас- тæу скодтой хæрæндон, æмæ дзы боныцъæхæй изæры та- лынгтæм чи бады дзаг фынгтыл? Районы хицауад се ’хсызгоны уазджытæ æмæ хъузæттимæ, уымæй дæр — лæварæмхасæнтæй. Кусджытæн та къах — мады роны. Искуыдæй-искуыдмæ дзы сихоры къæбæр чи бахæра, уымæн æй стыр аргъæй йæ мæйы мызды хыгъдыл ныффысдзысты.
;Г50^^^^-!г^ Айларты Измаил ^^^^г^^ Гæвди йæ ног разамонæгмæ цас лæмбынæгæй хъуыста, уымæй цыди иу сæйраг хъуыдымæ. Цардмæ касти иувæрсыгæй. Уыдта дзы æрмæстдæр сау æмæ урс ахорæнтæ, цинтæ æмæ мæстытæ, æхсызгæттæ æмæ зынтæ йæхи уды кой кæнгæйæ. Районы ахуырады хайы сæргълæууæгимæ фесты каст педаго- гон институт, æмæ йæ уый æргом æппæлгæйæ философ хуыд- та. Гъемæ, йæм философы миниуджытæй цыдæртæ хæццæ кодта: иуæй, хорз зыдта историон цаутæ, иннæмæй цы бирæ чингуы- тæ бакаст, уыдоны мидис зæрдыл дардта æмæ цитатæтæ хаста бахъуыды заман зындгонд ахуыргæндты номæй. Йæ уроктæ дæр кодта иугæндзонæй уыцы бæлвырд зонындзинæдты уагыл, уæлдæр ахуыры студенттæн мидисджын лекцитæ куыд кæсай, афтæ. Царды иннæ хъæр æм нæ хъуысти. Урокты ма дæсны дзурынæй уæлдай хъомыладон домæнтæ кæй и, уыдон æм зынгæ дæр нæ кодтой. Ирон хæдзары схъомыл, Ирыстоны райста уæлдæр ахуыр æмæ нæдæр æгъдæуттæн исты зыдта, нæдæр куыстæгтæн, æвæццæгæн фосы фæдыл дæр никуы ацыди, хуы- мы æвзартæ къухæй дæр никуы барывта. Æгæр истæмæй уазал боны цæттæ сугæй артваг æрсæттынæн нæ уыди. Зæгæл ныкъ- къуырынмæ нæ арæхст цыфæнды фæлмæн хъæдæрмæджы дæр æмæ гыццыл ницæй тыххæй дæр æххуыс агуырдта... Цыбыр ныхасæй, ныхæстæй — цардаразæг, идеалистон философ. Уымæй дæр рæстыл дзурын алкæй цур нæ фæрæзта. Партийы уæнджы номæй хицауадимæ дзырдта хъавгæйæ, лæгъзæй, сойæ сæрсты хуызæнæй. Æхсæны æмбырдты йæ дзурыны сæр бахъуыди, уæд дæнцæгтæ хаста марксистон-ленинон ахуырады бындуртæй, уæлмонц бæрзæндтæм иста советон цардыуаг иугæн- дзоны раппæлинаг æмæ бафæзминагæй. Хорз кæуыл æууæн- дыд, уыдонимæ хибарæй дзурыныл куы фæуыдаид, уæд та кодта æдзух йæ гуыбыны сагъæстæ, хъæстытæ. «Куыдз дæр æнхъæлмæ кæсгæйæ зæронд кæны», зæгъгæ, арæх хаста æмбисæндтæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ фæцард æххормæгтæ æмæ бæгънæджытæй, фæлæ царды æцæг хъæрæн æхсæнадон уагыл адæмы раз æвдисæн нæ ныллæууыдаид рæстыл дзургæйæ, хи- цауадæй тæрсгæйæ. Цæвиттоны хъуыддагæй, советон æхсæна- ды цурон æмæ цæстмæхъус чиновник цы уа, уый, æмæ æдзух быцæуæй лæууыди йæ мидсихимæ, стъæлфыд йæ аууонæй дæр. Йæ фатеры къуым уæрæхдæр уыди Гæвдийы цæрæнуатæй, фæлæ — æнæфснайд. Куыддæр æгъдауæй йæм Гæвди бафтыд, æмæ рыг тамакойы тæфимæ улæфæнтæ æхгæдтой, стъолыл —
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ . ^^51^ хæринаджы уæлдæйттæ, чингуытæ, тетрæдтæ куыдфæндыйæ. Йæ уæлæдарæс æнæфснайд сынтæджы къухтыл куыдфæндыйæ ауыгъд... Бинойнаг ын нæма уыди æмæ йыл уый дæр ахадыдта, фæлæ йæхицæн хуыздæр æмбæлди. Лæгæты бын дæр цард хивæнд у æмæ домы йæхиуæттæ, уæд цæрæн, кусæн агъуысты æнæфснайдмæ куыд и кæсæн?! . Ногарæзт скъолайы хъуæгтæ ахуыры азы фыццаг мæйы дæргъы сæхи равдисынц. Иуæй, дзы фæллойы æмæ кывкæны- ны уроктæн сæрмагонд ахуыргæнджытæ нæ уыди: гыццыл са- хæтты номыл куыстмæ чи хъуамæ æрцыдаид. Иннæмæй, фезмæлæнтæ — къуындæг, æмæ сæ хъуыди фæуæрæхдæр кæнын. Уыйадыл фæллойы æмæ нывкæныны уроктæ куыдфæн- дыйæ дæттын райдыдтой сæхи предметты уæлдай иннæ ах- уыргæнджытæ рæстæгмæ. Æрмадзæн, кæсæндонæн æмæ иннæ уæлæмхасы æрæвæрæн бынæттæ та фесты сабыргай аразинаг нæлгоймаг ахуыргæнджытæн фылдæр сæхи хъаруйæ, æмæ æртæйæ, тымбыл ирон фынджы къæхтау,уæз сæ уæхсчытыл æрæнцад. Æртыккаг — Бырхин, математикæйы ахуыргæнæг. Къухæй мæнæ дæснытæй нæ уыди, фæлæ кусын уарзта, ны- хасмæ лæмбынæг хъуыста, æхсæны фæллоймæ аудæны цæстæй каст. Уый дæр та нæхи аразинаг у, зæгъгæ, цæмæйфæнды ма баулæфыдаид Гырым йæ нæлгоймаг ахуыргæнджытæм, уæддæр фæстиат нæ кодтой, æмæ райгондæй йæ ныхас хъуысти: — Хуыцау уæ саразæд, Хуыцау, æрцардтат мæ!.. Астымы авдазыккон скъолайы дойнагдурæй амад агъуыстыл куыд æфтаугæ цыдысты йæ хæдзардзин ахуыргæнджытæ, афтæ æрзæткъахджыты поселочы фæллæйттæ-бынтæ та кодтой къаддæр. Фыстæ дардтой минæй фылдæр. Сæрд хызтысты хæххон сæрвæтты, зымæг — Астымы быдырты, æмæ нымадæй дыууæ азмæ скуынæг сты нал хъæуыны æфсонæй. Фæкæс, æмæ та поселочы хыгъдхæсджыты агъуысты раз цалдæр фысы бастæй лæууынц. Кæй сты, зæгъгæ, фæрсæг нæ уыди, уымæн æмæ бынæттон цæрджытæ зыдтой хицауады митæ: кæнæ сæ зонгæтæн лæварæмхасæнтæй рафыстой, науæд та сæ гыццыл асламдæрыл ауæй кодтой кæмæндæр. Гъемæ, куыд фæнды ма уыдаид, уæддæр æруынгæйæ Гырымæн æнæ афæрсгæ нæ уыди: — Уыдон та сын кæй хардзæй сты, Бырхин, уыдон?!. — Уыдон дæр — Габанты хардзæй, Гырым, Габанты! — бæзджын хъæлæсæй йæ ныхас ивæзта Бырхин. — Омæ, уыцы Габантæ куыдæй ахæм хъæздыг уыдысты,
^52%?^^-^^ Айларты Измаил куыдæй? — цымыдисы монцæй ныхас дарддæр цырен кодта Гырым. Сæ дæлбар адæм сын коммæгæсæй куыстой, æмæ афтæмæй, — уыцы иугъуызонæй дзуапп лæвæрдта Бырхин, æмæ сæ фæсномыг ныхæстæм Гæвди дæр лæмбынæг хъуыста... Зæххы æмæ фосы дæсны куыстгæнджытæ царди Астымы. Æрзæткъахджыты номыл дардтой æнæхъæн фермæтæ хæрзмыг- гаг стуртæ, хуытæ æмæ кæрчытæй. Хуымтæй истой алыхуызы халсарты тыллæг, цæхæрадæттæй хæрзад дыргътæ. Уыдонæй æрзæткъахджытæн парахатæй цы лæвæрдтой, иннæ сæхицæн зади æмæ дзы уæй дæр кодтой. Уымæй уæлдай бынæттон цæрджытæй бирæтæ дардтой хæдзæртты номыл хæрзмыггаг хъуццытæ, бон дыууæ дыгъды кæй кодтой, ахæмтæ, æмæ æвзæр цæмæн хъуамæ цардаиккой?!. Иу фæлтæрæн бынæттон хицауадæй кой рацыди: азæй-азмæ æхсæнады исбон уыйас рæзы, æмæ хицæн хæдзæртты хибæрттæй фос дарыны сæр дæр нал хъæудзæни, цæхæрадæттæ кæныны сæр дæр. Дыууæрдæм архайгæйæ ма дæхи цы фыдæбонæй ма- рыс?! Æхсæны куыстæй цы мызд исай, уый дын аслам аргъæй алцæмæн дæр фаг у бынаты æлхæнгæйæ... Гъемæ, ныхас хæйрæджы нæ уырныдта, æндæр адæм кæрæдзиуыл æу- уæндгæйæ, кæрæдзимæ кæсгæйæ сæфтмæ дæр цыдысты æмæ арæзтмæ дæр. Астымы рæстагæй куыстуарзон адæм сæ хица- уады ныхæстыл баууæндыдысты рæстæгмæйы цæттæтыл- бæркæдтыл райгæйæ æмæ сæ хæдзарон фос хъугæй, хуыйæ аслам æргътыл æхсæны фермæтæм радтой... Уый уæлвæд ны- мад бонтæм æхсæнады уæйгæнæнты фæзындысты гæзæмæ ас- ламдæр æргътыл фыдызгъæл æмæ урсаг, халсар æмæ дыргъ, стæй фæззæджы къæсæрыл æхсæнадон царды цины роны маст смидæг. Иунæг æхсæвмæ æртæ фермæйæ фæластæуыди дæсгай равзаргæ стуртæ æмæ хуытæ, сæдæгай кæрчытæ... Давджытæ уыдысты хæдтулгæты, фæлæ, сæ фæд чердæм ацыди, уый дæр нал сбæрæг: давды уæлвæд тæрккъæвда фемæхст æмæ уарыны дон фæндæгты рыгтæ бæстон ныхсадта... Боны хъуыстысты адæмы мæстæлгъæд ныхæстæ: — Уыйæппæт фос æмæ маргъ фæдавдæуæд æнæ уынæгæй, æн& ’вдисæнæй! — Советон Хицауадæй хæдмæлхор хъандыргъа стæг ахæс- сынмæ йæ ныфс куынæ хаста, уæд ныр фынæй баци?!. — Кæркгæстæ æмæ хуыгæстæ уарынмæ бафынæй уæнт,
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ ,^^^з) фæлæ хъомты фермæйæн — дыууæ æхсæвгæсы гæрзтимæ, æмæ тæрсынæн иу гæрах уæддæр фæкодтаиккой. — Хъомгæстæй, дам, иу уыцы æхсæв йæхи акуырдта, æмæ уым нæ уыди, иннæйы та, дам, телыхъæдмæ бабастæуыди. — Дзырдгондæй — бынæттон зонгæ давджытæ, æндæр æрцæуæггагæн уыйбæрц фыдгæндтæ нæ бантыстаид. — Уæдæ, уæдæ!.. Бынаты ахаст æмæ фермæты уавæртæ чи зыдта, ахæмтæ... — Уым бынæттон хицауад хайисæг ма уа, уый зын бауырнæн у... Æвдæлон боны ныхæстæй уæлдай давджыты фæд куынæ сбæрæг дзæвгар рæстæгмæ, уæд Гырым, стыр мæтгæнæгау, йæ сæр уæззау нынкъуыста æмæ фæрсæгау дзур’ы: — Уыйбæрц фæллой фæластæуыд, æмæ йыл йе куыдз ма срæйæд, йе йæ фæд разынæд! — Фæдтæ тæрккъæвда ныммарзта, тæрккъæвда Уæлладжы фæндонæй — æвæццæгæн, уый дæр давджыты фарс фæци, — бадзырдта йæм Бырхин. — Уæллагæй дæллагмæ æнæрцыды диссæгтæ уынæм, æмæ куыд уыдзæни дарддæр, уый чи зоны, — ныллæг хъæлæсæй улæфы Гырым, стæй йæ къух ауыгъта æмæ ’васт иннæрдæм ныззылд: — Æниу, ахæм заман дзыхылхæстæй хуыздæр ницы и, науæд федтон ахæстоны бамидæг, нæ федтон хæдзары бадгæйæ баззад... Дыккаг хаттæн фæдиссагдæр сты бынæттон хицауады уынаффæтæ: Хетæджы бон кувæг адæмы йæ бынмæ цæуын нал уагътой. Йæ бахизæнты æрлæууын кодтой милицæйы кус- джыты гæрздых-лæгдыхæй, æмæ кувинаджы æртыгай кæрдзынтæ сыгъдæг мысайнæгтимæ хъæстаг-дзырддаг фесты Иры дзыллæйы номæй. Уый сын куы бантыст, уæд Ныхасы Уастырджийы бын мысайнæгтæ æмбырдгæнæн къуск хæлæн æрмæгæй срæмыгътой, æмæ та Гырым хъазæгау Бырхины афар- ста: — Уыдон та кæй хардзæй, Бырхин, кæй?!. — Уыдон та Хуыцауы æмæ йæ кувæг адæмы хардзæй, Гы- рым, йæ кувæг, — искæй фæзмæгау йæхиуыл дзуæрттæ баф- тыдта Бырхин худаистæй. Æртыккаг фæлварæн бынæттон хицæуттæн æмбисондæн хæссинаг, аргъæутты дзуринаг фæци. Майрæмты хæдфæстæ адæммæ хæрæгæй цыдæриддæр уыди, уыдон иунæг бонмæ
Айларты Измаил æрæмбырд кодтой æмæ сæ Къасарайы нарæджы уæзласæн хæдхъилгæнæн машинæтæй айнæджы былæй донмæ акалдтой иунæг æфсонæн: уыдоныл, дам, зæронд лæгтæ æргомæй- сусæгæй нартхор давынц быдыртæй æмæ коммунистон цар- дарæзтæн стыр зиан хæссынц. — Уыцы æнæрцыды диссæгтæ та ма нын кæй хардзæй сты?! — мæстджыны æнæбон худтытæгæнæгау фарста Гырым йæ дзы- харæхст ахуыргæнæджы. — Уыдон та, мард дæр кæмæн нал и æмæ дзуар дæр уыцы дæлимонты хардзæй. Æндæр зæронд лæгтæ сæ хæрджытыл цастæ хор адавдзысты тыллæгджын быдыртæй?! Сæ иугай хъуц- цытæн хизæн дæр нæй, æмæ сын хуымгæрæтты кæрдæг ракæр- дынц, уыйимæ фæйнæ нартхоры æфсиры кæд ратонынц сæхи хидгуысты хуымты, уæд цас диссаг у, хъуыдыдыйы фыхмæ мард æнæ рабадгæ куынæ фæлæудзæни, — бæстон ныхæстыл схæцы- ди Бырхин, æмæ Гырым уайсадæг чындзау йæ къух батылдта: — Бæстон хабæрттæй нæ фæрсæг нæй, æмæ æппæтæн дзу- ринаг не сты. — Дзурæм сæ, ма сæ дзурæм, уæддæр адæмыл мингай цæстытæ æмæ хъустæ и. Хæрджытыл зæронд лæгтæ цы нарт- хоры æфсиртæ адавой быдырæй, уыдонæн уæзласæн хæдтул- гæйы иунæг цыдæн раласæн и, æмæ нæ зондджын хицауад, хæдтулгæты чи давы быдырты хор, уыдоны нæ уынынц, — фæкарздæр кодта йæ хъуыды Бырхин, æмæ Гырым йæ хъус- тыл хæцгæйæ мæты бацыди: — Мауал дзур, дæ фыды хатырæй, науæд ма дæхи уæлдай мах дæр фыдбылызы æппарыс!.. Тæрсгæ-ризгæйæ цæрын чи сахуыр вæййы, хивæнд хицауа- ды бардзырдтæ æххæст кæнгæйæ, уыдон сæхи аууæттæй дæр стъæлфын райдайынц. Гырым сабыргай, бонæй-бонмæ йæ хуыз ивы. Бынæттон хицауадимæ ныхас дæр — хъавгæйæ, лæугæ дæр — уæзданæй. Æппæты разæй хыгъдхæсджыты хицауимæ фæлымæн. Кæрæдзийы хæдзæрттæм дæр бауайынц, уынджы дæр æхсызгонæй алæууынц иумæ. Уыйадыл ахуыргæнджытимæ дæр йæ ныхасыуаг фæбарджындæр. Бырхины дæр хъазæнæм- хасæнтæй нал къахы. Гæвди ног уавæрты бахауд æмæ сагъæстыл фæвæййы: чи кæй тынгдæр фæливы æмæ саййы, хицауад йæ дæлбар кусæг адæмы, æви фæллойгæнджытæ сæ уæлбар хицæутты?! Йæ риссаг фарстатæн дзуапп радтæг куынæ разыны дыууæ фарсы быцæу
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ тыхтæй, уæд йæ хъуыдытæ хатдзæгты хуызы боныджы афыс- сы фидæны сенгондæй... Рæстыл дзурæг æмæ кусæг зындзырдæй зындард уыди алы заманты-дугты дæр. Гæвдийæн йæ кусыны æмæ цæрыны уавæртæ куыд вазыгджындæр кæнынц бæрæг зындæр, къуын- дæгдæрæй, уыйбæрц фылдæр архайы, зæрдиагдæрæй кусы, æхсæнады хæстæ фидгæйæ, бинонты бæрны цæуы, æмæ йын Зæлинæ, йæ иугæндзоны змæлдмæ хъус даргæйæ, иуахæмы бафиппайдта: — Кæсын дæм, æмæ æппындæр дæхиуыл нæ ауæрдыс. Æхсæны куысты уæлдай ма дын хæдзары змæлд та — дыккаг уаргъ, æмæ ныридæгæн фæфыдхуыздæр дæ. Гыццыл æрбад æмæ баулæф, куыстæгтæн фæуæн нæй... — Улæфын дæу дæр бæргæ хъæуы, фæлæ дын скъолайы куысты æдде хæдзары бирæ змæлд ис, æмæ фидæнмæ нæ цар- ды уавæртæ кæд фæхуыздæр уаиккой. Амы бæстывæрды цæры- ны фадæттæ ис: иуæй, паддзахвæндагмæ хæстæг у, æвæсти- атæй дæ фæндагыл ацу, иннæмæй, зæхх уæлдай хусдæр æмæ сыгъдæгдæрæй — тыллæгджын. Уыдонимæ — сæрвæты, уыгæр- дæны арæх. Райсом-изæр ыл рог уахъæз хæхты уæлдæф хæссы уыцы сыгъдæгæй, æмæ уæнгрогæн, æнæнизæн уымæй хуыздæр цы и?! Искуы дзы хибарæй зæххы хай райсиккам хæдзар сара- зынæн, — дардыл зылдысты Гæвдийы хъуыдытæ иугъæдоны ныфсхаст æмæ куыстуарзонæй, фæлæ йæ бинойнаг дызæрдыгæй афарста: — Бæстыгъæдæй ницы зæгъæн и хорзæй уæлдай, фæлæ хæдзар саразынæн бирæ цыдæртæ хъæуы фæндонимæ æмæ цæмæй? — Нæ куысты мыздæй, — цыбыр дзуапп радта Гæвди уыцы ныфсæвæрды хуызæй, æмæ Зæлинæ худæндзастæй йæ сæр бан- къуыста, стæй афтæ зæгъы: — Нæ ныры куысты мызд рæстæмбисæй хæрыны æмæ да- рыны фаг дæр нæу, адæмы уагыл цæргæйæ Уымæй уæлдай — хæдзары дзаума, уазæджы æфсарм, цины æмæ зианы хæрдзтæ сыхбæсты астæу. — Уыцы хъуæгтæ хъуыдыйаг, нымаинаг сты, фæлæ лæг амæлттæн конд у, æмæ сабыргай кæд фæрæвдздæр уаиккам фидæны æнæнизæй, сæрæгасæй. Скъолайы куыстæн уал йæ фезмæлæнтæ фæуæрæхдæр сты. Нæ ахуырдзаутæ нæм ный- йарджытимæ се ’ргом раздæхтой иугъæдоны хæлар æмæ уар-
^Тб^^д^^ж, Айларты Измаил зонæй. Нæ зæрдиаг куыстæн аргъ кæнынц, æмæ уый раппæли- наг хъуыддаг у. — Ахуырдзаутæй дæр ис иугай фыдзыкъуыртæ æмæ ный- йарджытæй дæр, фæлæ бынæттон хицауад сты сæйрагдæр хъуы- дыйаг: уæлдай митæ сæм бирæ и æргомæй, сусæгæй архайгæйæ. — Хицауады кусджытæн алы ран дæр, æвæццæгæн, иугъуы- зон у сæ куысты уаг: дзургæ — æргомæй, кæнгæ — сусæгæй, æмæ, хъæуы уавæртæ хынцгæйæ, семцыд, семхæстæй арха- йын, науæд емылыкк бæхтæй хъауджыдæр не сты: хæрдмæ цæугæйæ дæ куынæ аппарой, уæддæр дæ уырдыгмæ цæугæйæ асхойдзысты дæ хæссинæгтимæ. — Цас сæм мæ хъус дарын, уымæй семæ тыхныхас кæнæн нæй, æмæ ды æгæр æргомдзырд дæ се ’пæттимæ дæр. — Æргом ныхас рæстыл дзургæйæ бирæты зæрдæмæ нæ цæуы, фæлæ дзы къæм дæр нæй, зынаргъ дæр нæу. Æргом ныхасæй лæвардæр хæзна нæй зæххæй арвы астæу Хуыцауы сконд адæмæн. Зæлинæ ныхас иннæрдæм аздæхта: — Фидæны Астымы цæрджыты нымæц фæфылдæр уыдзæ- ни, бафтдзæни ахуырдзаутыл дæр, æмæ авдазыккон скъолайæ рауайдзæни астæуккаг. Гæвди фæбæлвырддæр кодта хъуыддаг: — Сахæттæ фылдæримæ ма иу æхсызгон цау. Бынæттон цæрджытæн сæ фылдæр — ирæттæ, æмæ кæд уыдоны сывæллæттæн скъолайы бар радтиккой мадæлон æвзаг ахуыр кæнынæн. — Ахæм бар куы радтиккой, уæд æз сæрмагондæй ирон æвзаджы сахæттæ райсин, æмæ нæ мыздыл дæр бафтид, нæ царды уавæртæ дæр фæхуыздæр уаиккой! — цины рухсытæ ахъазыди Зæлинæйы хæрзконд цæсгомыл, æмæ йæм Гæвди æхсызгонæй кæсгæйæ баззад, цыма фыццаг хатт уыдта йæ би- нойнаджы аив цæсгом зæрдиаг ныхæстæ кæцгæйæ. Зæлинæ институты ахуыры азты дæр конд æмæ уынд хъуаг нæ уыди, фæлæ ныр бинонты царды йæ хуыз скалдта, йæ уæнг- тыл схæцыд бæрæг хъомысджындæрæй, æвæццæгæн ын цоты цин æмæ бæрн йæ буары гуырдзон тыхимæ æрдзон хъомыс дæр бауагътой. Уæдæ-иу дзæгъæлы загътой фыдæлтæ: «Цæрдхъомæй æнæниз сылгоймагæн йæ алы ноггуырдимæ йæхи буар дæр сног вæййы».
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ у^^-^ ТÆДЗЫНÆГÆЙ - ЦЫХЦЫРЫ БЫНМÆ Астымы скъолайы ахуыргæнджытæ сæхи къухтæй ахуыр- гæнæн агъуысты фезмæлэ^нтæ сугдоны, уазæгдоны онг куы бабæстон кодтой, уæд бонæй-бонмæ сæ иумæйаг мыды къæмтæ хауын райдыдта æнæрцыды диссагæн. Скъолайы хицауы номæй Гырым æваст фысымты уæрдоны абадти æмæ сæ зарæг кæнын байдыдта. Бынæттон партион разамонджытимæ, æвæццæгæн, иумæйаг æвзаг ссардта, æмæ æхсæны хъазты фыццаг ауылдæн йæ хъул сах абадти. Уыйадыл къæссавæлдæхт фæци: нал дæр йæ гуыбыны хардзы мæгуырауæй хъаст кæны, налдæр йе рагъы æгуыдзæджы фæлыстæй. Ноджы бинойнагæн æрыгон чызджы æрхаста, æмæ йын иннæ ахуыргæнджыты хъуагæй бынæттон хицауад ног фатер балæвар кодта. Куыд фæзæгъынц, мæгуыр уæрццæн дæр уад мæнæуы нæмгуытæ æрхæссы, æмæ бафсæ- ды. Гырым уыцы кад æмæ радæй хицауадимæ æхсæны хæрæндонмæ дæр бауайы æмæ бæрæг фæхæрзхуыздæр, гуы- бырæй дæр нал цæуы. Стыр диссагæн хъазæнæмхасæнтæй дæр нал дзуры Бырхинимæ. Хицауады уынаффæтыл гъо кæнгæйæ партийы уæнджы, скъолайы разамонæджы кадджын æмæ бæрнон бынаты дзыхыл хæцыныл фæцалх æмæ æнцад-æнцойæ лæварæмхасæнтæй дзидза хæры, бæгæны нуазы... Йæ тын йæ къух ссардта, æмбисондау, æмæ ныр йæхицæн сабыргай, хъавгæйæ хъырнджытæ, æгъдæнцæйттæ æмæ хъузæттæ агуры фыццаг ахуыргæнджыты астæу, стæй та — ныййарджыты æхсæн. Лыстæг нымадæй — худинаджы хабæрттæ скъолайы кус- джытæн, æмæ сæм Астымы куыстдзагъд адæм райгондæй куыд кастаиккой!.. Гæвди Гырымæн хибарæй загъта йæ хъуыдытæ. Уый йæм лæмбынæг фæхъуыста æнæ уæлдай дзырдæппарæн æмæ мæстджын хуызæй, стæй сабыр хъæлæсыуагæй фæдзырдта: — Куысты рæдыдтæ æмæ къуылымпытæ æз дæр бæргæ уынын, фæлæ сын ныры царды уавæрты цы хуыздæр мадзал и? Дæхæдæг сæ мæнæй къаддæр нæ зоныс. Нæ мын ахуыры хайы хæдивæг и, нæ хыгъдхæссæг, æмæ уыцы куыстытæ дæр лæвар кæнын æбузнæй. Скъолайы номыл цыфæнды ма дæттæд хица- уад, уæддæр сын табу кæнын хъæуы, науæд сæ фæстæмæ- фæстæмæ уромдзысты исты æфсæнттæй. Нæй дурæй — хъæбæрдæр. Цы æхцайы æмæ кусæнгарзы æнæбары муртæ нын фæхъавынц радтынмæ, уыдонмæ дæр афоныл куынæ фæрæвдз
^со^> . Айларты Измаил уай, уæд рады лæугæйæ баззайдзынæ кæйдæр ног чындзау, æмæ сын исты авæрын фæхъæуы. Дæхæдæг — æвдисæн: хъæдæрмæг нын рафыстой районы, æмæ шофыртæ дæуимæ цы фæйнæджытæ æрластой, уыдон æнæхъæнæй бынатыл сæмбæлдысты, иннæтæн се ’мбис фæндагыл цыдæр æрбаци. Суг нын бæргæ фагæй рафыссынц, фæлæ ласгæйæ дзæвгар хъуаг разынынц, æмæ æмбисзымæг артагæй фæхъуаг вæййæм, — фæнымадта æргом къуылымпытæ, хъуагтæ уыцы сагъæсхуызæй, æмæ Гæвди куыннæ сразы уыдаид йемæ, фæлæ уæддæр кæрон- бæттæны иунæг хатдзæг скодта: — Фæстаг азты æхсæнадон фæллоймæ сусæгæй-æргомæй бирæ ныхилджытæ и дуджы-рæстæджы ахæсты, æмæ сын мах хуызæтты бон цы у бауромынæн. Фæлæ скъолайы кадавар ис- бонмæ ныхилын сæрмæ хæссинаг нæу цыфæнды мæгуыр цар- ды уавæрты дæр ахуыргæнæн, сывæллæттæн зондамонæгæн æмæ хъомылгæнæгæн... — Нæу, бæргæ, — къæхтыбынæй улæфæгау ма дзырдта Гырым, — фæлæ нæ царды уавæртæ рæстæй цæрын нал уа- дзынц, нал. Дæхи зæрдæ — де ’вдисæн, зæрдиагæй кусыс сывæл- лæттимæ, фæлæ дæ рæстаг ныхас кæйдæрты зæрдæмæ нæ цæуы, æмæ уый дæр хъуыдыйаг у. Лæг дыууæ хатты нæ цæры, æмæ дæхи кой дæр бакæн... — Хи кой дæр хъæуы æхсæнады номæй иумæйаг уагыл, æндæр лæбурæггæгтæ æмæ скъæфæггæгтæй бирæгъ дæр нæ цæры. Мæнæн уа, дæуæн мацы уа-йæ æхсæны цардæн аразæн нæй... — Омæ цæуыл тыхст вæййыс, уый-иу рагацау зæгъ, рага- цау! — аудæны дзыхыуагæй хæрзгæнæджы бынаты йæхи рав- дисынмæ хъавыди Гырым, фæлæ ныхас фæцыбыр кодта Гæвди: — Мæхи сæрмагонд тыхстæгтæ æмæ хъуæгтæ сты хæдза- ры, бинонты астæу лыггæнинаг, æмæ мæн скъолайы куысты мыздæй уæлдай ницы хъæуы æвæлмонæй, тыхтонайæ, сусæг- гагæй æхсæны фæллæйттæй... Астымы хъæубæсты цæрæг ирæтты куыннæ фæндыди, сæ сывæллæттæ мадæлон æвзаг куы ахуыр кодтаиккой скъолайы, уый, æмæ уыдоны фæндоныл разыйы дзуапп радта районы ахуы- рады хайы сæргълæууæг дæр, фæлæ дыууæ фарсы бæллицтæ дæр райсомы сур мигъау лæзæрын байдыдтой уæрæседзауты
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ х^^^5?1 дывзагон архайдæй. Рацæй-рабон æмæ, хурбоны арвы нæрдау, Ирыстоныл айхъуыст уæлдæр хицауады бардзырд: Республикæ- йы скъолаты хъæуæй, сахарæй ирон сывæллæттæ æппæт ахуы- ры æрмæг дæр цæудзысты уырыссагау, мадæлон æвзагæн та сахæттæ фæкъаддæр уыдзысты... Гъемæ, уæлдæр хицауад цы сфæнд кæны, уый йæ коммæгæс дæлбар адæмæн — æххæстгæнинаг! Бæргæ нæ фæндыди æмбаргæдæр ирæтты сы- вæллæтты мадæлон æвзагæй баиртасын, фæлæ сыл æнæмбаргæдæр ирæттæ фæсæрдæр сты, æмæ уæрæседзауты хъул сах абадти Ирыстоны æнамондæн: скъолаты мадæлон æвзаджы сахæттæ дзæвгар фæкъаддæр кодтой. Уыйадыл бирæ ивддзинæдтæ æрцыди æппæт ахуырады куысты дæр, æмæ Гæвдийы уынаффæтæ фæсуйтæ сты хингæнæджы кæлæны къуы- былойау. Иуæй, сын дыууæ ахуыргæнæгæй гыццыл мызд и куысты сахæттæн, иннæмæй, къуындæг фатеры къуымы ныр цалдæр сывæллонимæ цæрын бæрæг зындæр фæци. Гуыбыны хардз æмæ уæлæйы дарæсы хъуагæй бæргæ æвæрынц сом сомы уæлæ кадавар мыздæй, фæлæ хæдзар саразыны фаг кæдмæ æрæмбырд кæндзысты?!. Сæрды улæфæн дыууæ мæйы нард- уаты куыстытæм «шабашниктимæ» искæдæмыты ауаид æмæ бинонтæм зæрдæхсайгæйæ куынæ бафæраза!.. Йæ катаймæ Зæлинæ хъус дары, стæй йæ иуахæмы афарста: — Уæ зæххы хæйттæй та цы баистут? — Районы хицауад сразы хибарæй хæдзæрттæ саразынæн зæхх радих кæныныл уæртæ паддзахвæндаджы æддагварс, фæлæ æрзæткъахджыты нæ бафæндыд. Астымы æмбисастæу уыдоны къухы и, æмæ дзы сæхæдæг араздзысты хибæрттæй дыууæфа- терон бæстыхæйттæ. — Уæд кæд? — Ацы аз, æмæ сын аразæн æрмæг дæр цæттæйæ лæууы, дæле кæцæйдæр, дам, сластой æвзаргæ хъæддзаума, — бæстон рафæзмыдта хъусæггаг хабæрттæ Гæвди йæ сывæллæтты мадæн, æмæ уый бацин кодта: — Диссаджы хорз хабæрттæ!.. Дыууæйæ кусæм скъолайы æмæ нæм дзы кæд иу фатер æрхауид... — Куыд æгъдауæй? — Нæ цæрæнуат къуындæг у дыууæ сывæллонимæ, æмæ уыцы ’гъдауæй, — ныфсхастæй дзуры Зæлинæ. — Фатертæм рады чи лæууы, уыдонæн номхыгъд дæр скæндзысты рагацау, æмæ уым нæхи ныффыссын кæниккам.
/2п^^-г--^ Айларты Измаил \\ ^* ^"’ ,'.12^***''\^*ЧК* ^У , „ 1Ц111Ц111Ц11Ц 11111Г 111111111111 — Ды бæргæ раст хъуыды кæныс, фæлæ фатертæ уаргæйæ дæр уæлдай митæ рауайы хицауадимæ кæм зонгæты, кæм та хиуæтты аххосæй, æмæ сыл фидарæй баууæндæн нæй, — ды- зæрдыгæй дзырдта Гæвди царды хъæрмæ лæмбынæгдæр хъусгæйæ... Афæдз дæр нæ бафæстиат сты æрзæткъахджыты хæдзар- аразæг къорд аст дыууæфатерон агъуыстыл. Алы бæстыхайæн дæр йæ разы дыууæ дихæй — цæхæрадоны зæхх, уый алыварс — сахъарийæ æнгом æмбонд. Фатерты — дыгай уæттæ, хæри- наггæнæн æмæ бахизæны æхгæд тыргъ. Чъырæйцагъд æмæ ахорæнæй ахуырстæй Астымы хуыз систой раст ахуыры азы райдайæнмæ, Хуызивæны бонтæм. Ног фатертæ кæмæн лæвæрдтой бынæттон хицауад, уыдоны хыгъды фыст æрцыд Гæвди дæр, æмæ бинонты цинæн кæрон нал уыди: ныр сын уæрæх агъуысты царды фадæттæ кæд фæхуыздæр уаиккой! Цардуарзонæй æмбисонд у адæймаг: йæ зæрдæ цас тынгдæр байрайы æхсызгоны куыстæгтæ æмæ фæллæйтты цинæй, уый- ас йæхиуыл дæр нал фæцауæрды ерысы дугъон бæхау. Нымад бонтæ ма баззад ахуыры азы райдайæнмæ, æмæ Гæвди сфæнд кодта хохмæ ауайын. Бинонты дæр фендзæни, сæ царды уавæртæм дæр сын æркæсдзæни зæрдæхсайыны бæсты æмæ фæстæмæ фездæхдзæни. — Абæрæг сæ кæн, абæрæг! — разыйы хуызæй дзырдта Зæлинæ. — Уæдмæ фатертæ дæр кæд байуариккой. — Фатертæ афтæ тагъд нæма байуардзысты, æмæ æз уæдмæ фездæхдзынæн, ма тыхс! Мæнæ дын диссаджы дзураг æмбæлттæ, — æрбахъæбыс кодта йæ сабиты Гæвди фæндагго- ны райгондæй. Хæрзæггурæггаджы уадæй æхсæвдзуйæ балæууыди Гæвди фæсæфцæг йæ фыдыуæзæгыл, æмæ йыл бинонтимæ æрвадæлтæ дæр куыннæ бацин кодтаикккой!.. Æмбисондæн дзуринаг, дис- сагæн хæссинаг у Фыдызæхх! Цæфтæ æмæ хъæдгæмттæ дæр уым тагъддæр гас кæнынц, цæрыны мадзæлттæн дæр уым фылдæр хæрзтæ ис. Бинонты уавæртæм куы ’ркасти, уæд, уæ- лахизы тырысайыл хæцæгау, йæ уæнгтыл райгондæй уæлдæр схæц^д. Цыппар, фондз азмæ æфсымæртæ сæ фыды хæдзар бæркæдты къæбиц скодтой. Хъулгъайы зæххæй фæстæмæ аф- тид армæй балыгъдысты, æмæ та сæ Фыдызæхх йæ хъарм хъæбысы цардхъом скодта цыбыр рæстæгмæ. Хуымæй, уыгæрдæнæй комбæстæ фыццагау йæ хуыз равдыста, сæрвæттæ
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ ^у^^ЙГ! фосы дзугтæй сфидыдтой... Тæккæ хосгæрдæнты худисæнæй удисæн у, æмæ Гæвди дыууæ боны куыстæгтæм дæр фæкасти, стæй фæстæмæ фездæхт... Фæндагыл йæ цæстытыл æхсызгонæй уадысты дыууæрдыгæйы бæстæттæ хохæй быдырмæ. Æфсымæртæ сæхиуыл бæргæ фæхæцыдысты зæххы, фосы куыстытæй, фæлæ ногæй быдырмæ сæ зæрдæ ’хсайы лидзыны уагæй, æмæ рагацау хъæдæрмæг æрцæттæ кодтой раласынæв- вонгæй. Гъе, фæлæ кæдæм, уый бæрæг нæма зонынц. Мады фæндоныл куы сразы уой, уæд сын хохы хæдзæрттæ дæр ныр дзæгъæлæй уадзгæйæ нал сты, быдыры цы саразын и сæ зæрды, уый дæр — иумæйагæй... Уыцы сагъæстимæ Гæвди хуыцаубоны фæссихæртты Асты- мы балæууыд. Хъарм, фæлмæн къæвдайы фæстæ арвыл фæскъау мигътæ фæлæзæрдысты, æмæ хуры тынтæ сæхи найæгау цæхæртæ акалдтой æртæхдзыд æрдзы буарыл. Сатæджы хъæуы æмбисастæумæ куыд фæзылди бæлццон райгондæй, афтæ æмдзæрæны астæу фæзуаты бауыдта къордтæ-къордтæй дзæвгар адæм æнахуыры хæццæ-мæццæтæй лæугæйæ. Стырæй чысылмæ æрзæткъахджыты поселочы адæм фæскъæвда цыма хуры хъарммæ сæхи тавтой, раст уый хуызæн æмбондгæрæтты слæууыдысты... Уæлдай хъæлæба дзы ничердыгæй хъуысы, æрмæст егъау кæрты астæу поселочы хъахъхъæнджыты хистæр уæлбæхæй лæууы æмæ, ехсы фындзæй амонгæйæ, кæмæдæр хъæрæй дзуры: — Мах ам ницы хъуыддаг и æмæ цæуæм нæ куыстмæ!.. Уыцы ныхасмæ хъусгæйæ Гæвди йæ цыд фæурæдта æмæ бæстондæр акасти адæмы змæлдмæ. Уæллагфарсæй цы дыууæ ног фатеры сарæзтой, уыдонæй иуы раз тæккæ кæртмæ бахи- зæны лæууыди дыууæ милиционеры æмæ, сæ къухтæ тилгæйæ, ныхас кодтой совхозы директоримæ. Уый бæрæг егъаудæрæй зыны адæмы раз æмæ милиционертæм къухæй амона, мидæмæ бахизут, зæгъгæ, фæлæ ног фатеры кæрты гом дуарыл нæдæр мидæмæ хизæг и, нæдæр æддæмæ... Ам цыдæр бæллæх æрцыд, зæгъгæ, Гæвди æмдзæрæны сæ цæрæн къуыммæ куыд фæраст, афтæ йыл сыхæгтæ амбырд сты æмæ йын боны хабæрттæ адзырдтой. Цæвиттоны хъуыддагæй, ног фатертæ байуæрстой, æмæ дзы Гæвдийы бинонтæ нымады дæр нал æрцыдысты цыдæр æнахуыр æфсæнттæй. Номхыгъды зынгæ дæр нал ракодтой, æмæ Зæлинæ, хабæрттæ куы бамбæрста, уæд æхсæвыгон фа- теры рудзынджы авг рафтыдта æмæ се ’нæбары дзаумæттæ йæ
Айларты Измаил ахуырдзаутæй кæимæдæрты ууылты мидæмæ байста йæ сывæл- лæттимæ... Райсомæй уыцы хабар фæдисы хъæрау фехъуысти районы хицауадмæ, æмæ бæстæ æртхъирæнтæй байдзаг: «Чи куыдз, чи хæрæг бауæндыд коммунистон цардаразæг хицауады æвастæй фатер бацахсын?!.» Уыцы мæстджынæй милицæмæ фæдзырдтой, æмæ уыдон æвæстиатæй Астымы дружинæимæ хъуамæ уынджы къæймæ раппæрстаиккой æнæсæттон ахуыргæ- нæджы йæ дзаумæттимæ. Фæлæ цыргъ цæвæг ракæрдынæв- вонгæй æнарæхст къухты æваст дойнаг дурыл сæмбæлд æмæ комхæлд фæци. Милицæйы кусджытæн Астымы бынæттон дру- жинæ нæ бакоммæ кастысты: тыхмитæй, дам, уæхæдæг цы кæнут, уый уæхи бар. Ноджы, циркмæ кæсæгау, скъолайы ахуыр- дзаутæ сæ ныййарджытимæ æрбамбырд сты æмæ фæ- уайдзæфтæ кодтой хицауадæн. Уыйадыл Астымы хъæубæстæ дыууæ дихы фесты: иуырдыгæй æрлæууыдысты хицауад сæ коммæгæс хъузæттимæ, иннæрдыгæй — кусæг адæм, æмæ стыр диссагæн скъолайы ахуыргæнджытæ сæ директоримæ иуыр- дыгæй дæр нæ разындысты! Бæндæн тыхивæзт куы кæнай, уæд лæмæгъдæр бынаты тоны, уæдæ нымæт, цас фылдæр цæгъдай, уыйас кæны хъуынджындæр, æмæ адæм æмхуызонæй куырм дæр не сты, къуырма дæр... Гæвди фынтæ уынæгау æмæ хъус- æгау лæугæйæ баззад æмдзæрæны бахизæны. Бæстæ йыл ри- вад куыройау зылди, зæрдæ хæццæ кодта. Ахæм дзырддаг- койаг бынаты абаддзысты йæ бинонтæ, уый æнхъæл фыны дæр нæ уыди. Йæ бинойнаг та куыд фæрæдыд?! Куыд йæ сæрмæ бахаста рудзынгыл бахизын дзырддаг фатермæ?! Фатер нæ, æнæхъæн Астымы бæстæттæ дæр не сты иу боны рæстаг цар- ды аргъ. Фæлывд æмæ сайдæй кусæг адæмы коммунизммæ тыхтард чи кæны цуроны, цæстмæхъусы хъузæтты æххуысæй, уыдон се ’ууæнк раджы бахордтой, уыдонæн намыс сафинаг нал и, фæлæ Гæвдийы хуызæн рæстаг адæм иугæр сæ намыс куы фесафой, се ’ууæнк куы бахæрой, уæд уæлгъæдæй мард сты. Гъемæ, ныр дзæгъæл гæрæхтæн сæ нæмгуытæн æрцахсæн нал и. Цы ’рцыди, уый æрцыди, æмæ дарддæр рæстыл дзу- рынæй хуыздæр хос нæй... Уыцы хъуыдытæм йæ разы алæу- уыдысты совхозы директор, милицæйы хицауы хæдивæг æмæ бынæттон уынаффæдоны сæргълæууæг тæфæрфæсгæнæгау. — Куыд дæм кæсынц ацы тыхмитæ? — афарста йæ совхозы директор. — Куыддæриддæр сты, афтæ мæм кæсынц хицауады раза-
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ ^^^63]' мындæй, — цыбырæй дзуапп дæтты Гæвди, æмæ директорæн йæ хъæлæс фæтызмæгдæр: — Хицауад та дзы чердыгæй аххосджын фесты?! — Фатертæ раст нæ байуæрста æмæ уыцырдыгæй. — Фатертæ, кæмæн æмбæлди, уыдонæн радтам, фæлæ дæ бинойнагæн зæгъ, æмæ сабырæй суæгъд кæна агъуыст, науæд тæрхондоны раз æрлæудзыстут. — Уæд цы хуызы? — Æхсæнадон цардыуаг æмæ фæтк халджыты хуызы. — Æхсæнады фæтк кæд исчи фехæлдта, уæд фыццаг сымах. — Нæ йæм хъусут, цытæ дзурын уæнды! — йæ сины сæртыл фæхæцыди милицæйы хицауы хæдивæг уыцы бæрнон хуызæй. — Бынæттон цæрджыты дæр уыцы зондæй ардауы хицауадыл, æмæ йын кæрон скæнын хъæуы. — Ацы фыдгæндтæн сæ райдайæн сымахæй цæуы, фæлæ сын кæрон æндæртæ скæндзысты. — Æртхъирæн дæр ма нæм кæныс?! — тызмæгæй йæ афарста бынæттон уынаффæйады хицау. — Æртхъирæнтæ сымах кæнут, æндæр уыйбæрцæй не ’рæмбырд уыдаиккат лæгæвзæрстæй иу сылгоймаджы алыварс. Гъемæ, цы сфæнд кодтат, уый бакæнут гæрзифтонгæй, науæд бынтондæр фæхудинаг уыдзыстут, — лæугæйæ сæ ныууагъта уыйæппæт адæмы раз Гæвди æмæ йæ зæронд фатермæ ба- хызт... Йæ фæдыл сыхаг сылгоймæгтæ къæсæрыл алæууыдыс- ты æмæ йæм, уайсадæгау къухæй амонгæйæ, дзурынц: — Мауал ракæс хицæуттæм, æмæ афоныл ахъуытты уой, стæй, ныхас тæрхонмæ куы ’рцæуа, уæд мах — цардæгас æвдисæнтæ сæ фæлывд митæн. Дæ бинойнаджы та азымы ма бадар, уый бынаты мах дæр афтæ бакодтаиккам... Ацыдысты мæстджынæй хицауад... Гæвдийы бинонтæ баз- задысты ног фатеры цæргæйæ æнæ уæлдай хъæстытæ æмæ тæрхæттæй, фæлæ дзырддаг-койаг фесты æнæхъæн районы дæр. Фæдæргæвдæг, фæдысмудæг дзырдхæссæг лæгтау сæ хъус дард- той бынæттон хицауад Гæвдийы бинонтæм æмæ сæ къæхтæ дуртыл кæмыты къуырдтой цæугæ-цæуын, уыдон сын рæгъмæ хастой. Иу фæлтæрæн Гæвди æвдæм къласы ахуырдзауты æнæ районы ахуыры хайы сæргълæууæджы бардзырдæй быдыры куыстытæм нал ауагъта, æмæ хабар суанг ахуырады министрмæ бахæццæ. Иннæ хаттæн æнæ бафæрсгæйæ, æнæ бар ракургæйæ йæ урокмæ цыдысты райæххæсткомы сæрдар æмæ совхозы
(Й^1^, АйлаРты Измаил директор, фæлæ сæ нæ бауагъта, æмæ уымæй дæр диссагæн баззад. Æртыккаг фæлтæрæн мастисæг хицауад фæхæст адæ- мы дзырдхæсджыты мæнгвæдæгыл æмæ дзы цæвæнгарз ацар- æзтой бынæттон газеты редакторы хъусдардæй, уый та разын- ди Гæвдийы «хæрзгæнджытæй» институты ахуыры азты, хип- пæлой Алæджыхъо, быдзеу Додын. Уый фæрцы бынæттон га- зеты фæзынд æнæном гыццыл уацхъуыд егъау сæргондимæ «Сæудæджергæнæг ахуыргæнæг», зæгъгæ. Уым номхыгъдæй амындæуыди цалдæр сылгоймаджы мыггæгтæ, æмæ сын кæд тинтычъийæ конд хъарм, фæлмæн кæлмæрзæнтæ уæй кодта Астымы авдазыккон скъолайы ахуыргæнæг Зæлинæ... Сæудæ- джергæнæджы ном кулачы номæй æхсызгондæр нæ уыди ком- мунизм аразджытæн, æмæ стыр нымадæй йæ хъуыддаг цыди тæрхондонмæ. Гъемæ, Зæлинæ æрлæууыди районы тæрхондо- ны раз йæ бирæ зылынгæнджытимæ. Тæрхондоны хицау раст лæг разынди æмæ фæрсы радыгай зылынгæнджыты, цавæр кæлмæрзæнтæ уын уæй кодта ахуыргæнæг, зæгъгæ, æмæ иухуызон дзуапп лæвæрдтой, — тинтычъи кæлмæрзæнтæ. Балхæдтат дзы? — Нæ дзы балхæдтам. — Уæд цы ’фсонæй? — Гыццылы æфсонæй. — Ау, æмæ уал кæлмæрзæнæй иу стырдæр нæ разынди? — Уал нæ уыдысты, иу уыди, — комдзог рацыдысты сæхиуыл мæнг æвдисæнтæ фæстагмæ. — Уыцы иу кæлмæрзæн уæй кодтай дæ ахуырдзауты мадæлтæн, æви цалдæр? — бафарста фæстагмæ «аххосджы- ны» тæрхоны лæг. — Уыцы иу кæлмæрзæн, — дзуапп радта Зæлинæ æнкъард- хуызæй. — Бæстæн æмбисонды кæлмæрзæн кæмæн ауæй кодтай, уæддæр?! — Никæмæн, мæ хойæн æй радтон æмæ мæхицæн æндæр балхæдтон, — бæстон фæдзырдта Зæлинæ хабæрттæ уыцы къæмдзæстыгæй, цыма адæмæй стыр азымджын фæци... Расты цæв æмæ зылын сбæрæг уа, зæгъгæ, æмбисондæн баз- зад. Фæлæ рæстыты æгæр арæх куы цæвай, уæд зылынтæ бонæй- бонмæ фылдæр кæнынц æмæ худæгæй мæлынц. — Куыд кæсын, афтæмæй махæн ам кусгæйæ дæр нал у, цæргæйæ дæр, — Гæвди сæргом кодта йæ мидсагъæстæ иу изæр бинойнагæн.
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ ^^^бЗ) — Нæ уавæры фæхуыздæрæн амы куыст ныууадз æмæ æндæр искуы агур, уæд бынтон азымджыныл нымад æрцæудзыстæм хицауады цæсты, фæлтау ма бакусæм цыфæнды зынæй дæр дыууæ, æртæ азы, стæй фадат йæхи амондзæни, — ныфсхастæй дзуры Зæлинæ, æмæ Гæвдийы æрхæндæг миддунемæ рухсы тынтæ бакалдысты фæсуарын хуры тынтау. — Омæ — хорз!.. Кусæм ма æмгъуыдæй, æрмæст æбузнæй — нал, — къæхтыбынæй ныуулæфыди фæсмонгæнæгау. — Цыдæриддæр фыдгæндæй цæуы ацы фæстаг азты, уыдонæн сæрæвæрæн сты партионтæ комммунистон цард аразджыты номæй, æмæ сыл æууæнк нал и. Æнæууæнкæй та зындзæрæн у... Гъемæ, нæ дарддæры царды уæвын хъæуы цырддзастдæр æмæ къæрцхъусдæр, науæд ныл ног диссæгтæ æрымысдзысты. — Мысгæ — нæ, фæлæ адæймагыл марынæй дæр нæ баца- уæрддзысты ныры дзырдхæсджытæ æмæ хахуыргæнджытæ сæ мæгуыр удты адæргæй, — фæкарздæр кодта йæ ныхас Зæлинæ. — Нæ кæсыс нæ сабыр директормæ, дæлгоммæгæсæй йæхи царды фадæттæ ифтонгыл архайы, мах æм нымады дæр нал стæм: æнæсихор, æнæмызд зиууæттау ын йæ куыстæгтæ фæкодтам, нæ хойраг ын æнæвгъауæй фæлæвæрдтам йæ иу- нæджы бонты, ныр нæм йе ’рыгон бинойнагимæ йæ чъылдым фездæхта. — Уыдæттæ зонгæйæ скъолайы куысты хæстæ сты хуыздæр æххæстгæнинаг, науæд ныл ахуырдзаутæ æмæ ныййарджытæ дæр фестырзæрдæ уыдзысты, — кæронбæттæны хатдзæг скодта Гæвди... уæлон зындон Мæрдтыбæсты дзæнæт æмæ зындоны тыххæй сæдæгай æмбисæндтæ баззад фыдæлтæй, фæлæ уым нæдæр дзæнæт и, нæдæр — зындон. Уым ис æрдзон-гуырдзон уагыл мæр, сы- джыт. Адæймагæн йæ дзæнæт дæр ис уæлæуыл æмæ йæ зындон дæр. Уæлон дзæнæты хæрдзтæ та адæмæн сты сæхи конд æмæ арæзт сæрæй бынмæ, стырæй гыццылмæ. Цæрынæн цыдæ- риддæр хорзæй хъуыди зæххыл, уыдон Сфæлдисæджы арæзтæй, фæндонæй сæ хуыз æмæ сæ ад, æвдадзы хосау, æргомæй рав- дыстой. Мæргтæ æмæ хъылматæ æрдз авд дæлзæххы арф бам- бæхста цæрæг удтæн нымд кæнгæйæ. Фæлæ адæймаг Хуыцауы С » м М„ 1Л 1ЛЛ1
{66***+*а.-^ Айларты Измаил ’К- ^^^^^ж’ Ч . I ■ ■ п I I ■■■ -и цæхæрадоны лæвар хæрзтæн иугæндзоны æфсæст æмæ фæлыстæй аккаг аргъ нал скодта, сæрбæрзондæй акасти алы- варсы дунемæ æмæ зæххы бынæй мæргтæ къахын райдыдта. Уыйадыл уæлон царды дзæнæт зындоны уавæрты бахауд. Æнæнхъæлæджы дын Гæвдимæ районы милицæйы хицау фæсидти: — Мæнæ дыл хъасты гæххæтт æрбацыд Астымы партион къордæй, — æвдисы йæм сæ иумæйаг курдиат къухфыстæй дæргъæй-дæргъмæ дыууæ сыфыл. Гæвди лæмбынæг бакасти хъасты гæххæтт, æмæ йæ сæры хил арцау йæхиуыл схæцыд фырдиссагæй: мысæггаг хахуыртæй йыл фыдгæнæджы ном сæвæрдтой. Ахуыргæнæгæн нæ, хуы- гæсæн дæр нал бæззы. Худинаг æмæ дзырддаг кæны æнæхъæн скъолайы ахуыргæнджыты йе ’нæуаг митæй. Æнæрцыды дис- сагæн тымбыл къухæй æвзиды поселочы цæрджытæм. Иу хаттæн бæхæй æриста совхозы зæхгæсы æмæ йæ мардта, куы- нæ сæ баиргъæвтаиккой адæм, уæд... Иннæ хаттæн скъолайы тыргъы фæнадта, æфсадæй чи сыздæхт, ахæм лæппуйы бынтон æнаххосæй... Цыбыр ныхасæй, Гæвди цалдæр фыдгæнды ра- кодта æмæ уыди ахсинаг, скъолайы нæ, фæлæ ахæстоны дари- наг бæттинаг æррайау!.. — Ацы дæлдзæф-уæлдзæф фыстытæ сæ бирæ рæдыдтимæ сты мысæггаг хахуыртæ сæрæй бынмæ, æмæ йæ ма бамбæх- сут, тæрхоны раз куы ’рлæууæм, уæд бахъæудзæни хъастгæн- джыты, — маст уромгæйæ сабырæй загъта Гæвди. — Тæрхонмæ куы ’рцæуа хъуыддаг, уæд дæ ахæстоны ба- кæндзысты, фæлтау дæ рæдыдтыл басæтт, æмæ ирон фидыд бакæнæм, — сæрбæрзондæй кæсгæйæ бафиппайдта милицæйы хицау гæзæмæ мидбылты худгæйæ. — Ирон фидыд кæимæ, давджыты æмæ хахуыргæнджыты къордимæ? Советон Хицауады цæсгом чъизи чи кæны, уыцы партионтимæ?! Уый нæ уыдзæни. Гæвди рацыд милицæйæ æмæ æвæстиатæй йæ хъуыдытæ ныффыста «Рæстдзинад»-мæ. Уым ын йе ’ргом фиппаинæгтæм куы ’ркастысты, уæд цаутæ сбæрæг кодтой бынаты, æмæ æрмæг сæхи хатдзæгтимæ газеты фæзынд. Астымы цæрджытæ дисы бацыдысты: куыд йæ ныфс бахаста хуымæтæджы ахуыргæнæг æнæхъæн партион къорды ныхмæ рацæуын?! Йæхи нæ, йæ мыг- гаджы дæр ма йын фесафдзысты! Газеты æрмæг канд Астымы цæрджытæн нæ, фæлæ районы
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ адæмæн дæр дзырддаг-койаг сси: иутæ бæрæг фылдæрæй уыдыс- ты йæ авторы фарс, иннæтæ бæрæг къаддæрæй — партион къорды фарс, æмæ уыцы хабæрттæм республикæйы хицæуттæ дæр æрыхъуыстой. Кæд ахуыргæнæг у аххосджын, уæд уый хъæуы бафхæрын, йæ уацхъуыд ын газеты чи ныммыхуыр код- та, уыдонимæ. Кæд бынæттон партион кусджытæ сты рæдыд, уæд уыдонмæ æмбæлы цæст фæдарын æмæ куыстадон хатдзæгтæ скæнын цыбыр рæстæгмæ. Уыйадыл Астымы æхсæнадæн бахъуыд иумæйаг æмбырд скæнын уæлдæр хица- уады хъусдардæй. Æмбырды уыди ахуырады министр йæхæдæг, æмæ газеты æрмæг æмткæй банымадтой растыл. Уымæй уæл- дай республикæйы финансты министрадæй æрæрвыстой сæрма- гонд ревизорты къорд, æмæ уыдон дзæвгар рæдыдтæ ссардтой районы хъуыддаджы гæххæттыты, уыдонæй кæмдæрты мæнг æвдисæнæй разынди Гырымы къухæвæрдтæ дæр, æмæ дыууæ фарсы хабæрттæ æддæгмидæг ауадысты. Ахуыры райдайæнмæ Гырымы йæ куыстæй ссæрибар кодтой, æмæ сæргуыбырæй Гуыр- гъохъы лыгъд фæкодта. Астымы партион къордæн цæстмæ- дардимæ æмгъуыд радтой партион куыст фæхъомысджындæр кæнынæн цæрджыты астæу. Совхозы директорæн дæр йе ’лхæд диплом сбæрæг, æмæ йæ æндæр куыстмæ арвыстой, къуылых куыдзы былæй æппарæгау. Бухгалтертæй кæйдæрты тæрхон- донмæ радтой, фæлæ халон халоны цæст кæд къахта: сæ хъуыд- даджы гæххæттытæ сын фесæфтæуыди, æмæ бонæмгъуыдæй ирвæзтысты. Иннæ æнæнхъæлæджы хабар та уый, æмæ дын Гæвдимæ куы фæдзурид районы ахуыры хайы сæргълæууæг: — Мах дæр рæдыдыстæм, фæлæ ныр цæй æмæ сымахæн æндæр скъолайы радтæм фылдæр сахæттæ æмæ цæрæнуат. — Уæд кæм? — Хъæзджыны астæуккаг скъолайы, диссаджы ран. Йæ ди- ректор — дæ хæлар лæг. Йæхæдæг мæм æрбацыди æмæ мын загъта, мæнмæ ма йæ рарвитут, зæгъгæ. — Ау, æмæ Астымы гыццыл скъолайы кусынмæ куынæ арæхстæн, уæд мæ Хъæзджыны стыр скъоламæ куыст халынæн, къуылымпыйæн ивут? — Цы ’рцыди, уый æрцыди, ныр нæ дарддæры куысты кæрæдзийы хуыздæр бамбарæм. Гæвди сразы йæ куысты бынат аивыныл. Фæлæ хъысмæтмæ иугæндзоны хивæнд æмæ æгъатырæй разынди æндæр уынаффæтæ... Зæлинæйы галиу риуы мидæгæй уæлдай фыд
(б$^?**ъæ^ Айларты Измаил фæзынд æмæ сæрмагонд рынчындонмæ бахаудта... Дзæвгар рауын-бауыны фæстæ йын фæдфæдыл дыууæ операцийы скод- той. Нымадæй дыууæ мæйы фæиста рынчыны номыл мызд, стæй кусын райдыдта. Куысты та æргомæй, сусæгæй — уæлдай ныхæстæ æмæ мæстытæ Астымы цæрыны уавæрты: ахуыргæн- джытæ коллективы номæй уым баззадысты, æмæ сæ ног ди- ректорæн уыдоны фæндонмæ цынæ хъусгæ уыди. Тæккæ рай- дайæнæй æртхъирæнтыл схæцыди: — Нырмæйы быцæутæ æмæ дам-думтæ куыннæуал фенон, афтæ бакæнут! Кусынмæ уæ чи нæ арæхсы, уый йæхицæн æндæр куыст бацагурæд! Гæвдимæ ракасти уæлдай тызмæгдæрæй, æмæ йын иуахæ- мы хибарæй бауайдзæф кодта: — Æртхъирæнтæ уæ хæдзары кæн, ам та скъолайы кусын хъæуы, æмæ дæ хорз куысты руаджы иннæ ахуыргæнджытæ дæр сæ дам-думтæ ныууадздзысты. Ды сæ ныридæгæн хъузæттæ скодтай сæ фароны фæрв сугтимæ, æмæ дын Гырымæй хуыз- дæр хæрзты нæ бацæудзысты, уый зон. Æз та дæ, æххуысæй уæлдай, ницæмæй батыхсын кæндзынæн, æрмæст мæ кусьш уадз ардыгæй афæдзы кæронмæ... Гæвдимæ куысты уагыл азым æрхæссæн нæ уыди, æмæ йæ хъус дардта æппæт мадзæлттæй Зæлинæмæ, абадти-иу ныфсæвæрдæй йæ урокты. Азылди-иу изæрыгæтты йемæ ахуыр- дзауты хæдзæрттыл. Уроктæм цæттæ кæнгæйæ дæр ын æх- хуыс кодта... Уыцы уавæрыл фæцахуыр сты сæ зæнæг дæр, æмæ мадæн æнæ уæлдай зивæгæй æххуысты цыдысты æзфæраздæ- ронæй. Уæдмæ хистæр чызг цыппæрæм, кæстæр — дыккæгæм къласмæ бахызт, æмæ се ’нахъом æфсымæры сæ уæлныхты хастой... Изæрæй-иу куы амбырд сты фатеры къуымы, уæд — уынаффæтæ, фидæны сагъæстæ, æмæ ныййарджытæн цынæ байхъусгæ уыди цоты сыгъдæг хъуыдытæм иугъæдоны цымы- дисæй. Дзырдтой сæ бæллицтæ, чи дзы цы куыст уарзы фылдæр. Хистæр чызг бæллыди ахуыргæнæг суæвынмæ, кæстæр уарзта фæндырæй цæгъдын, лæппу та — хæдтулгæйы бадын æмæ нывтæ кæнын... Йæ зæнæджы цинæй Зæлинæйы рох кодта низ дæр. Цы— сæ зæрдæргъæвды ахуыр æмæ коммæгæс, цы — сæ хæрзæгъдау æмæ æнцондард хæринаг æмæ дзаумайæ.
АМОНДЫ ФÆНДАГЫЛ Афæдз ма бакусинаг уыдысты Гæвди æмæ Зæлинæ Астымы скъолайы, стæй æнæ уæлдай ракæ-бакæйæ сфæнд кодтой Дзæуджыхъæумæ. Фатеры къуым дзы баххуырсдзысты, стæй куыстæн дæр исты амал уыдзæни... Фæлæ ахуыры азы кæронмæ Зæлинæ ногæй рынчындонмæ бахаудта йæ игæры рыстæй... Дохтыртæ йæм къуырийы дæргъы сæ цæст фæдардтой æмæ æрцыдысты иу хъуыдымæ: раздæры низ игæрыл фæзынди æмæ йæм рæсыдæй уæлдай бавналæн нæй, цалынмæ æрбада, уæдмæ. Уыйадыл æй æмгъуыдмæ рафыстой, хæдзары уал баулæф, зæгъгæ. Фæлæ йæ низыхатт бамбæрста æмæ, фæндагыл цæугæйæ, Гæвдийæн æргомæй йæ хъуыды загъта: — Дохтыртæ ма дын мæ фæсфæдæй цы загътой, уымæй дæ нал фæрсын, фæлæ мæм байхъус!.. Хъуыддаг кæронмæ фæхæццæ кæны, æмæ нын хъысмæт цы сныв кодта, ууыл сра- зы уæм. Нымад бонтæ ма нын баззад, æмæ мыл мауал мæт кæн. Мæнæй дын ницыуал пайда и, фæлæ дæхи кой бакæн. Зын дын уыдзæни сывæллæттимæ, æмæ-иу сæ ма стыхс, цы- фæнды мæстджынæй дæр... — Фæдзæбæх та уыдзынæ, цытæ дзурыс! — ныфсæвæрдæй ма дзырдта Гæвди, фæлæ уый бахудæгау кодта, стæй афтæ зæгъы: — Дæ ныхасыл æз кæддæриддæр æууæндыдтæн, фæлæ ныр кæрæдзийы мауал сайæм. Цытæ дзурын, уыдон ды хуыздæр зоныс, æмæ ацы растæй цæуæм мæ цæгатмæ. Уырдыгæй-иу мæ макæдæмуал бауадз ласын... Мæй дæр нал ахаста Зæлинæ. Йæ кондджын-уындджын буар, уалдзыгон сæлæф митау, баруад æмæ æртад. Баззад ма дзы, дыдзыхуры фæстаг тынтау, йæ фæлурс цæсгомыл цардбæллон хъомыс. Фæстаг улæфты онг фыццагау цы нæ фесæфта, уый — йæ сабыр зонд, æмæ йæ мæлæн боны хотæн бафæдзæхста: — Хъусут?! Сывæллæтты сæ фыдæн йæхи бар уадзут!.. Ныр сын фыд дæр уый уыдзæни æмæ мад дæр... Йæ мæрдтæмдзæуæн бон æрбамбырд сты адæм хæстæгæй, зонгæйæ. Æрцыдысты йæм алы рæттæй йæ ахуыры чызгæмбæлттæ, уыдонимæ — Фаруз дæр, æмæ Гæвдийæн уæл- дай ныфсы хос фесты фыдохы бон сæ хæрзаудæны хъус- дардæй... Мард йæ сыджыты хайыл куы сæмбæлд, уæд фæлмæн хур боны кæцæйдæр хъарм сыг рахаста дымгæ, æмæ хуры тын, йæхи найæгау, сæрттывта уæлмæрды сæрмæ... Хæрнæджы адæм фыдохы арфæты фæстæ куы фæпырх сты,
^70^^=^с-^ Айларты Измаил уæд Гæвди нæудзар кæрты рæбынуæзæй, фæхсбандоны кæро- ныл æнцойгæнæгау, рохстæй алæууыд, æмæ йыл бæстæ разыл- ди, хъустæ къуыззиттæй ныззарыдысты. Æппæт мæстытæ-тых- стытæ йыл æртæфстысты, æмæ æваст фенæныфс, цыма йæ уынгæджы бонæн арф талынг хъоргъы ауагъдæуыди... Йæ би- нойнаджы мад æм, æвæццæгæн, цæст дардта æмæ аивæй йæ фарсмæ балæууыд къуызгæ хъæлæсæй дзургæйæ: «Хуыцау нын цы стæрхон кодта, уый баййæфтам, фæлæ уæлдай мастæн дæхимæ мауал хъус. Мæт кæнынæй йæ нал раздахдзыстæм, æмæ ныр дарддæр — цæрыны мадзæлттæ сидзæртимæ...» Цæрынæй хæрынмæ адæмтæ аразгæ дæр кæрæдзимæ гæсгæ кодтой, сæфгæ дæр. Арæзты æмæ сæфты хостæ æмдзуйæ фæхæцыдысты цæрыны бартыл æнусты дæргъы. Цардараз- джытæ уыдысты рæстагæй Хуыцауы сконд, цардхалджытæ хъæстагæй — хæйрæджы байзæддаг, кæд дыууæ къорды дæр адæймæгты нæмттæ хастой, уæддæр. Суанг иу мадæй райгуыр- гæ хотæ æмæ æфсымæртæй дæр вæййы хæрзудыбæстæйæ цар- даразджытæ, фыдудыбæстæйæ — цардхалджытæ. Уыйадыл, зæххыл цыдæриддæр цæуы хорзæй, æвзæрæй, уыдон сты адæмæн сæхи арæзт, сæхи конд æмæ æрхъуыды. Æнусты дæргъы хорз æмæ æвзæр, раст æмæ зылын, уарзт æмæ фыдæх кард æмæ фыдау кæрæдзийы кæй февдæрзтой æмæ ма дарддæр дæр кæй æвдæрздзысты, ууыл Гæвди дызæрдыг нал кæны. Фæлтæртæ фæлтæрты фæивтой кæрæдзийы фыд хæргæйæ, туг калгæйæ, уæддæр сын ивгъуыд азты рæдыдтæ сенгонд не сты рæстады æвдисæнæй. Уынгæ-уынын, зонгæ-зонын Уæрæсейы адæм куыд тыхджындæр æмæ зондджындæрæй æнусты дæргъы фæхъазыдысты бæлшæвиктæ æмæ мæншæвиктæй, сырхытæ æмæ урсыты номæй кæрæдзийы туг æнæвгъауæй фæкалдтой, уæддæр абоны онг рæстдзинад нæма фæуæлахиз, бонджынтæ æмæ мæгуыртæ кæрæдзимæ топпы кæсæнæй кæсынц... Æмæ цæй аххосæй, цæй сæраппонд?! Хуыцауы тæрхон у адæмæн кæрæдзийы æвдæрзын, æви хъысмæты нывыкарст?! Æнæмæлгæ дуне нæй, фæлæ рæстæгæй раздæры мæлæтæн цы сты йæ ах- хоссæгтæ? Фылдæр — тыхцæрдтытæ æмæ аразгæ мæстытæ... Аразгæ мæстытæ æмæ тыхцæрдтыты азар басыгъта Зæлинæйы дæр... Адæймаг цас рæстагдæр уа иугъæдоны хæрзудыбæстæйæ, уыйбæрц ыл маст тынгдæр ахады... Гъемæ цы ’рцыди, уыдонæн
налдæр раздахæн и, налдæр срастгæнæн. Дарддæры царды та Гæвдийæн сæрæвæрæн сси Зæлинæйы фæдзæхст æмæ йын цы- фæнды зынæй дæр æнæ сæххæстгæнгæ нæ уыд. Дыууæ, æртæ боны сывæллæттимæ фæцыд уæлмæрдмæ, стæй фидарæй ныл- лæууыд сахармæ лидзыныл. Хъæуы уавæрты фылдæр хæрдзтæ хъуыди искæй хæдзææртты цæргæйæ, каистæм та йæ нæ ба- фæндыди... Сахары уавæрты фатеры къуым ссарын æртæ сывæллонимæ зын уыди, æмæ афæдзы дæргъы фæрахау-бахау кодтой алы рæтты хæстæджытæм. Æртæ ранмæ бонысæрæн æртæ цыды уæддæр хъуыди Гæвдийæн йæ куысты уæлдай, æмæ тыхст — тыхсты фæдыл: сидзæртæ æнцонхæссæн, æнцондарæн кæд уыдысты?! Афæдзмæ фæцагуырдта Гæвди уæййаг цæрæнуат сахары уынр- ты, æмæ сæрды райдайæны ссардта иу къуым æхсæны кæрты скъоламæ хæстæг. Радта йын, дæс азы дæргъы бæгънæджытæ, æххормæгтæй цы сомтæ фембырд кодтой Зæлинæимæ, уыдо- ны, фæлæ уыди дзæвгар цалцæггæнинаг царæй быны астæрды онг. Фæракæс-бакæс æм кодта, æмæ хъуыди бирæ æрмæг йæ барæвдз кæнынæн, æмæ цæмæй балхæна, уый та — нал... Хæсты нæ бацыдаид, искæмæй æфстау ракура, уый дæр æй нæ бафæн- дыд... Уынджы иннæ фарс йæ комкоммæ дыууæ уæладзыгон зæронд бæстыхайæн йæ сæр систой цавæрдæр аразджыты къорд, æмæ уыдоны уæлхъус рохстæй куыд балæууыди, афтæ йæ сæ хицау, æрыгон лæппу афарста: — Хорз лæг, исты агурыс? — Агургæ бирæ цыдæртæ кæнын, фæлæ æлхæнгæ цæмæй бакæнон, уый къухы нæй, — бамбарын кодта йæ тыхсты хабæрттæ. — Тыхст уавæры дæ æмæ дын ныр цæмæй баххуыс чындæ- уа?! — батыхсти йыл Хуыцауы сконд адæймаг. — Зæронд агъуыст халæм райсомæй нырмæ, æмæ йæ хъæдæрмæг рафта- уын нæ комы, афтæ хъæбæрæй ныхсыст кæрæдзиуыл дæргъæй- дæргъмæ зæгæлтимæ... Уыдонæй истытæ куы сæфтауис, уæд дын бабæззиккой, — дæтты йæм зæгæлтæ ласæн мæцъис. Гæвди райста кусæнгарз, схызти агъуыстмæ æмæ цыппæр- васт дæргъæй-дæргъмæ нæзы фæйнæджытæй æд бынгъæдтæй дзæвгар куы сæфтыдта нымад рæстæгмæ, уæд лæппу райгондæй йæ сæр ныттылдта æмæ афтæ зæгъы: — Хъæдгуыст кæй кодтай, уый бæрæг у, æмæ дын рæстмæйы
^^Т^^^г’г^ Айларты Измаил хос фæуæнт! Исты ма дæ куы хъæуа махæй, уæд æфсæрмы ма кæн!.. Æцæгæлон лæджы фæрцы барæвдзытæ кодта йæ хæдзары къуым Гæвди æмæ йын уыцы æрхъуыды амæлæты бонмæ дæр нæ ферох кæндзæни. Тугæй хæстæджытæ куыннæ хъæуынц лæджы йæ тыхсты заман, фæлæ уыдонæй зæрдæйæ хæстæджытæ æввахсдæр æрбалæууынц адæймагмæ ныхстуаты бынаты... Дыккаг ахуыры азы райдайæнмæ Зæлинæйы кæндтæ дæр фесты, цырт дæр ын сæвæрдтой, сидзæрты цæрæнуат дæр цал- цæггонд фæци, æмæ Гæвди сахайраг баци сидзæргæс нæлгой- маджы номæй... Ныр цæмæйты цæра, уый йæхи хъуыддаг у. Цæмæйты цух æййафой йæ сидзæртæ, уымæй дæр азымы никæй бадардзæни. Нæдæр хицауады истæуыл домы, нæдæр паддза- хады, æрмæст æй мауал хъыгдарæнт коммунизм аразджытæ... Иунæг нысан ма ис йæ размæ: цоты схъомыл кæнын адæмы уагыл сахуырæй куысты онг, сæ мады куыд фæндыди, афтæ: куыстуарзонæй, рæстаудæнæй, цæрынхъомæй... 2002 аз, август
БОЦИТЫ Алыксандр УАРЗТЫ ЦИН САБЫР ФУРДЫ ЛЕНКГÆНГÆЙÆ (Фантази) Бон зыны æнæзмæлгæ уæзданы. Мах нæ нау фæсарæнмæ хæссы. Дон-айдæны — Сабыр океаны — Худгæ хур йæ цæсгоммæ кæсы. Æмæ дзуры: «Ис къæмтæ мæныл дæр, Уыдонæй дзыгъуырбын дæн чысыл... Фæлæ уыйхыгъд уды къæм æппындæр Никæд, никæд абаддзæн мæныл!..» 2002.02.07 КУЫРМ ЗÆРОНД ЛÆГ СЫВÆЛЛОНИМÆ (Хъæууон ныв) Куырм зæронд лæджы Фæлмæн хъæбысы Гыццыл гагийæн Йæ гуым-гуым хъуысы. Æрлæгъз ын кæны Йæ сæр баба дæр. «Мæ ныфс дæ, — зæгъы, — Мæ цæргæ цард дæ. Хъæбулы хъæбул, Дæу фен, тæхуды — Мæ уды удæн Йæ дуду уды!» 2003.10.06
Г74^^ч^> Боциты Алыксандр %^^ал!^»ш. <^>^>^ ——— ’к ’к ’к Хорз адæмтæ, ракæнæм-ма зиу! Рахонæм нæ сæйраг хъуыддаг иу: Дуне у æфснаинаг нырма — Хъуамæ æрдзы мацы уа хъылма. Ацы стыр хæс бакæндзыстæм? Кæд? Фестдзынæн уый бæрæгбæтты сæр уæд. СУРÆ ПОЭЗИИÆН Куыд арæхсон рухсдæр æгъдаумæ, — Поэзимæ ’рхуыдта Хуыцауы. Нæртонау дæн уый динæй динджын, Уæлтæмæнты амондæй цинджын. Хуыцауыл æз дунеты барын, Мæхи дæр Хуыцауæй æнкъарын, Йæ фæрцы æз уарзондзинадæй Ыстъалытæн зарын: «Дæ-да-дæй!» 2003.09.01 к ’к ’к Бонæрдæмæ и залти мет Уорс тъифилтæй ку уаруй, Уой нæ унгæй нæ уасæнгæ Гъæр кæркдони низзаруй. Æ базуртæ хъæбæр-хъæбæр Æвеппайди исцæгъдуй. Ниууасуй ма, æ уасти гъæр Уæларвмæ дæр игъусуй. Тухсунцæ дзи æ кæркитæ, Нæбал сæ уадзуй хуссун, Фал гъæлайæн ци кæнонцæ?.. Сæ еунæг хуасæ — бухсун.
Уасæнгæ ба даргъ къобалæ Федеуæгау ивазуй, Хорæрдæмæ содзгæ гъæрæй: «Искæсæ хор!» — ниууасуй, — Искæсæ хор! Дæу хезунæй Даргъ æхсæви нæбал ан! Искæсæ хор! Нæбал хуссæн — Еугурæй дæр игъал ан! 2002 УÆДДÆР МА ДÆ УАРЗЫН Кæйдæр фæдыл мын чи алыгъд, уыцы М-йæн Дæу кодтон æз царæфтыд уарзт, Мæ сурхид-иу акалд дæ хурæй. Ыстæй дæ «рæудымгæ» æваст Æрбацыдæр кодта мæ цурæй. Хабар дæ нæ хъуысти. Æз-иу Кæдæмдæр ныджджих дæн дæ фæдыл. Ныр: «Диссæгтæ! — загътон, — уый циу?» — Фæзындтæ уæхимæ æд бæдул. Æмæ та ысдæн æз сæргой, — Уæддæр ма дæ уарзын, ныммæлон! ... Куыд æнцонæй акодтай мой, Куыд тагъд дын æрбайгуырд сывæллон! 1995 — 2001 БОНЫЦЪÆХТЫЛ Бонвæрнон, кæй чызг дæ? — Базыдтон æй — Хуры! Уымæн æмæ ирддæр Стъалы нæй дæ цуры.
1/6^^^?-^ " Боциты Алыксандр Уыд мæнæн дæр де ’нгæс Уарзты цин — Мæдинæ, Нал мын и — фæтары, Баззадтæн мæтимæ. 2002.14.12 ИУНÆДЖЫ ЗАРÆГ Кæм мæ æмбæхсыс, Мæ сусæг хæрзуд? — У царды амонд Дыууæйæ рæсугъд!.. Зæххыл æнæ дæу Æмбисæй цæуын... Дæуæй фæстæмæ Æз никæй хъæуын. Дæуæй æрвондæр Æз никæй хонын. Дæумæ бæлгæйæ Мæ бонтæ тонын... Æз де ’нкъарæнæй Зынгау фæризын, Æнæ дæу арæх Мæ уд фæисын... Зынаргъдæр мын дæ Цъæхсæр хæдзарæй... Куы нæ дæ ссарон!.. Куы нæ мæ ссарай!.. 2002.30.12 ЧЫЗГАЙЫЛ СÆ УЫНДЖЫ АМБÆЛГÆЙÆ Гагуытæ мæ фæндонæй Ды æнцад куы ’руагътай, Тынг уæзданæй, гъеуæд мын, Уымæй ды цы загътай?
УАРЗТЫ ЦИН Къахы фындзæй зæлдгæрдæг Къахы бын куы къахтай, Ницы дзургæ, — уымæй та Ды мæнæн цы загътай? Ноджы ма дæ рустæ дæр Пиллон арт куы уагътой, Уыдоны фырсыгъдæй мын Ноджы ма цы загътай? «Худинаг у», — стыхсгæйæ Уынджы мæн куы уагътай, — Аивæй мæм бакæсгæ Гобийау цы загътай? Стæй уæхимæ бацæугæ Фæндырæй куы ’рцагътай, — Рухс уатæй мын хъæууынгмæ Уый зæлтæй цы загътай? Чызджытæ сæ цæсгæмттæ Заманæй куы суагътой. Уæд ды та мын фондз «о»-йы Зæдты ’взагыл загътай! 1998 МÆ АМОНДЫ СУСÆГ СТЪАЛЫЙÆН Ды цы уæларвыл дæ, Уый цы цъæх тыгъдæг у!.. Ды цы уæларвыл дæ, Уый цы уаз-сыгъдæг у!.. Ды цы уæларвыл дæ, Уымæ кувгæ кæсын. Ды цы уæларвыл дæ, Уый дæ номæй фæрсын.
/?"5 Боциты Алыксандр Ды цы уæларвыл дæ, Уымæ пъатæ ’рвитын. «Ратт мын ме стъалыйы!» — Уымæ афтæ сидын. 2002, август * * * Дидинæг мæм худы, Дидинæг мæ уарзы, Адджынæн мæ удыл Сонт цæстытæй хъазы. Дидинæг — чызгай у, Бакастæй — сырхмæтæг. Гагуытæй: мæн хай у — Уый зæгъы йæхæдæг. Гъеныр ма æнхъæлмæ Фæззæгмæ цы кæсон. Хъуамæ йæ мæ уатмæ Тынг рæхджы æрхæссон. 2002.05.08 АЛАГИРАГ ЧЫЗГÆН Мæнмæ та мæ уарзты ыстъалы Йæхæдæг æртахтис. Мæ цуры æрбадти нывагау, Мæн уарзынæй радис. Быдта уый йæ цъыбар-цъыбуртæй Мæ зæрдæйы ахстон, Æз та йæм, фæстиæттæгæнгæ Æнæдзуаппæй кастæн. Фæтæргай «нæ бæззыс» мын загъта, Ыстахти, фæцыдæр. Уæдæй нырмæ а лæппу нал у, Бынтондæр ныккуыддæр.
УАРЗТЫ ЦИН ^^^, , # Тæхуды ’мæ базон — цы баци! Бæргæ йæм фæтæхин. Кæд ма мын æртасид — мæ тыхст ын Хъуырмæйæ ысзæгъин. 2002.29.01 УАЛДЗЫГОН ДЫРГЪДОНЫ Æвæдза, арвыл ацы ’хсæв Сызгъæрин мæй цы бур у! Нæ хъустæм ам хæрзæввахсæй Уыг зары: «Хур у, Хур у!», Æмвæрстæ бадæм дыргъдоны, Куыд хорз нын у, куыд хъæлдзæг, — Ам калæм мах дæр дидинæг, Æрцыд нæ уарзты уалдзæг. Нæ риуты та цыкуратау — Дæ зæрдæ ’мæ мæ зæрдæ Кæнынц — æхцон кæрæдзийæн — Сыр-сыртæ ’мæ сæр-сæртæ. МАДЫ ЗÆРДÆ Æрластой æргæвдынмæ хъуджы, Йæ сæрмæ адзалы кард хъазыд. Йæ царды фæстаг бон æмбæрста, Уæддæр ма йæ рæуæдмæ уасыд. 2003 НАРÆГ КЪАХВÆНДАГЫЛ Судзы мæ хæд разæй «дидинæг» — хурын. Хъазгæ хуызы йæм æз аивæй дзурын: «Дидинæг-диссаг, мæ фæндагыл ма лæуу, Ауадз мæ, — иуварс мæ фæндагæй алæуу». Уисæн нæ кæнгæ мæм дидинæг худы, Уадзы æхцондæр кæлæнтæ мæ уды. «Цæй-ма, — йæм бакодтон, — ма къах мæ зæрдæ.. Хизын йæ иувæрсты. Уый мын: «Цы ’взæр дæ...» 1971.12.05
;^^и^^^ Боциты Алыксандр^ ÆНÆХУЫЦАУ МÆ ЧИ ХОНЫ, УЫЦЫ ДИНДЖЫНТÆН Динджынтæ мæ галиуыл нымайæнт, Динæй та æз семæ разы дæн: Царды сæрмæ стыр Хуыцау куы уаид, Уый фæнды æппæтæй тынгдæр мæн! Æз цæуын йæ сусæгмæ бæлццонæй, Сæмбæлдтæн ыл, — цас уаид мæ цин! Сфæлдисæгæн, адæмты фæндонæй, Кувæгау мæ курдиат зæгъин: «Хъазынц дугтыл сау паддзæхтæ махæй, Алчидæр сæ иблис у, тиран... О Хуыцау, ныллæуу ма нын паддзахæй Царды Зæххыл, — сæвæр ма дзы фарп». 1997 * * * Ис донæн дæр уæлдæр амонд — æхсæрдзæн, Тæхгæ зарæг гъе уымæй фесты æрдзæн. ХАДЖЕТЫ ТАЙМУРАЗЫ НЫХАС Цалынмæ йе ’мдзæвгæтæ кæса нæ «адæмон», Уæдмæ уал æдде тамако адымон. * * * Бонджын, дам, хæрæджы Уасынæн фæдары: Хъæр кæна йæ кæртæй, Бонæй уа, мæйдары. Махæн та нæ хæрæг Ам дæр у æбæрæг; Уасын дæр нæ зоны, Кусын дæр нæ зоны, Афтæмæй йæ дарæм «Даром æмæ шаром». Сæвæрæм ын холлаг — Алы бон дæр голлаг.
УАРЗТЫ ЦИН <-^^^Г| Хъаны царды уагæй Схæцаг и дæндагæй. Ма йæ къах, — ызнæтæй Амардзæн зæвæтæй. Бацæуæгмæ къуымæй Ракæсы чъылдымæй, Скæны йыл гæррæтт дæр, Зæд куы уа, гъеуæд дæр. Фæлæ дзы нæ «сах» та, Уый фарс хæцгæ, загъта: «Ма тыхсут дзæгъæлы — Афтæ йын æмбæлы». ЗÆРОНД ЛÆГТÆ - ХÆРЗ СЫХÆГТÆ (Ныхасы бадгæйæ) Кæддæр кæрæдзи «бавдыстой» «къулаччы» Æмæ æрхырхтой иумæ дæр ГУЛАДЖ-ы. Ныр фидæныл сæ фæстаг бонты тонынц, Сæ бынгæнджытæ чи сты, уый нæ зонынц. Фæлæ сын ныр фæсмоны цард фæзындæр — Кæрæдзимæ нæ фæразынц кæсын дæр. Æмæ сæ цæстмæ Сталины куы фауынц, Сæ сæртæ уæд сæ лæдзджытыл æрхауынц. ЕЛЬЦИН ГОРКÆТЫ Ленин Горкæты Раджы амардис. Ныр йæ дачæйы Ельцин бацардис. Дуг кæмæй бацис Царды уркæты, Уыцы Ельцин ис Абон Горкæты!.. 2002 6 Мах луг № 10, 2003
^^ ТЕМЫРАТЫ Давид ИНТЕРМЕДИТÆ САСИРГУР А Р X А Й Д Ж Ы Т Æ: Сасинкъа М а с и н к ъ а Хъæуккаг кæрт, æмбисбон. Сасинкъа бады бæласы бын æмæ æлвисы Чидæр кулдуар æрбахоста. Сасинкъа. Мидæмæ! Масинкъа (æрбацыд). Дæ сасир ма мын авæр, Сасинкъа. Ме ’хсыр, зæгъын, æрфæрсудзон æмæ — уæймæ. Сасинкъа.Ныртæккæ, Масинкъа. (Ацыд, сасир ра- хаста.) Дæ хъугæй цас æхсыр æрдуцыс? М а с и н к ъ а. Дæс литры. С а с и н к ъ а. Уæй та дзы цас акæныс? Сасинкъа.Дыууадæс. (Сасир айста.) Ныртæккæ дын æй æрбадавдзынæн. Цæй, цæуын... (Фæстиат кæны). Охх, мæ сæр тъæппытæ хауы. Цæй, уæдæ... Сасинкъа (фембæрста йæ). Мæ хæдзарыл, фæлæуу-ма, Масинкъа, мæнæ дзы иу аназ. (Хæдзармæ бауад, сыкъайы дзаг радавта æмæ йæм æй дæтты.) Масинкъа.Уый та куыд — мæ хæринаг уæларт куы фæуагътон... Фæлæ дæ зæрдæхудты бацæуыны бæсты марг дæр баназдзынæн, марг! Æри-ма йæ! (Анызта йæ.) Мæнæ мæрдырох! Сасинкъа. Мæ хæдзарыл, цы? М а с и н к ъ а. Дæ цæрæнбон нæма загътон, афтæмæй йæ анцъыхтон. Сасинкъа æвæндонæй ацыд. Аллæх, ме ’хсыр мын кæрты къæбыс ма асдæрæд?! (Сасинкъа та сыкъайы дзаг рахаста.) Уæдæ сæрмагондæй дæхи... Мæхи... Нæ, дæу цæрæнбоны тыххæй! О, Хуыцау, мæнæ йай Сасинкъа у, æмæ йын саккаг кæн... Иу ныхасæй, æмбарыс мæ дæхæдæг.
ИНТЕРМЕДИТÆ ^>^8^; (Анызта.) Мæхи Сасинкъа! Æри-ма, агæбо дын кæнон. (Æвналы йæм). Сасинкъа(иуварс æй кæны). Мæ хæдзарыл, Масинкъа, æнхъæлдæн, дæ сæры фæкуыси... М а с и н к ъ а. Цытæ дзурыс, дæ дыууæ сыкъайы? Дыууæ нæ фæтчы! Æртæ, уымæй хъабылдæр та фондз! Сасинкъа æнæбары бауад æмæ та рахаста, радта сыкъа Масинкъамæ. Цæй, уæдæ, мæ сыгъдæг... сыгъдæг... сызгъæрин сыхаг! Дæ бæркад... бæркадæй ныббæркадджын уæд! (Анызта.) Нæ, нæ, нæ, мауал мæм хат, нæ мæ ’вдæлы, Сасинкъа! Сасинкъа (æрбадт). Дæ хорзæхæй, Масинкъа, уагæры ма дæ ’вдæлгæ куы кæнид, уæд дзы цал анызтаис? М а с и н к ъ а. Цал? Нал? Дæ минас бирæ! Сасинкъа .Мæ хæдзарыл, минас кæм ис, фæлæ дын исты комдзаг фенон... Масинкъа (зæхмæ кæсы.) Фæлæуу-ма! Бобойыстæн, да- а-лæ замманай комдзаг. (Систа æнгуз.) Æнгуз! (Бæласмæ скаст.) Дæ хай бирæ, бæлас! Æвæджиау æнгуз! (Кувы). 0, ме сфæлдисæг, мæ хæдзар мын ай хуызæн дзаг фестын кæн! (Йæ дæндагæй йæ асаста.) Æллæх, мæ дæндаг! (Æркаст æнгузмæ, джихæй аззад.) Афтид?! Тобæ, Хуыцау, тобæ, куыдзы коммæ ма бакæс! (Æнгузы цъæрттæ фехста.) Мæ дæндаг дæр ма йыл асастон. С а с и н к ъ а .Дæндаджы рыстæн карз нозт амонынц. Радавон ма дын... М а с и н к ъ а .Нæ! Ныртæккæ куывдмæ цæуын æмæ та мæ уым дæр кусын хъæудзæн. Сасинкъа. Кæмæ? М а с и н к ъ а. Дæлæ Хъуына куывд кæны. Сасинкъа.Æмæ æрæджы куы скодта куывд йæ уайсадæг чындзы йæхимæ сдзурын кæныны тыххæй. Фыс аргæвста. М а с и н к ъ а. Ныр та, мæ хур, хъулон гал æрфæлдæхта! Æмæ Хуыцауæй куры, мæ чындз, дам, мæм фæстæмæ уайсадын байдайæд. С а с и н к ъ а. Мæ хæдзарыл! Афтæмæй дзы, цыма, тынг бузныг уыди. Масинкъа .Тынг. Уый руаджы, дам, рухс федтон, рухс! (Худы.) Хæдзарæй, дам, мæ тыргъмæ расырдта. Мæгуырæг... (Скуыдта, хъарæггæнгæ ацыд.)
(Г84^^^г> Темыраты Давид ^^^^^ _ Сасинкъа (йæ фæдыл). Масинкъа, дæ сасир! Масинкъа (фæстæмæ хъæр кæны). Далæ Уасинкъаты сасир ракурдзынæн — уыдонæн йед... хъæбæрдæр у... хуыздæр луары. ÆНÆВДÆЛОН КЪУЫЗЫРБЕГ А Р X А Й Д Ж Ы Т Æ: Къуызырбег Г и 6 ы л Къуызырбег бады йæ кусæн стъолы уæлхъус, цыдæртæ архайы Дуар æрбахостæуыд. К ъ у ы з ы р б е г (кусгæ-кусын). Æнæхайыр фæут! Мидæмæ! (Кæсы дарддæр.) Æрбацыд Гибыл гæххæттытимæ. Г и б ы л. Дæ райсом хорз. Къуызырбег йæ куыст кæны дарддæр. Бахатыр кæн. Хъыгдарын дæ, фæлæ... Мæнæ, зæгьын... Ыхы, ыхы... Мæнæ, зæгъын, ацы йед куы федтаис... Йед у, ыхы, ыхы... К ъ у ы з ы р б е г (йæ куыст нæ уадзгæйæ). Хъусын дæм, ыхы, ыхы. Цы йед у? Г и б ы л. Æз... Ыхы, ыхы... Æнæбайрайгæ хуыфæг фæу... К ъ у ы з ы р б е г (йæ сæр систа). Чи дæ, цы дæ? Кæм дæ, кæмæй дæ? Г и б ы л. Мæ ном Гибыл, мæ мыггаг... К ъ у ы з ы р б е г. Дæ мыггаг уадз, цы куыстгæнæг дæ? Цæуыл хæст дæ? Г и б ы л. Мæнæ гæххæтт цыдæр хъулæттæ фæкæнын. Нырма æрæджы райдыдтон æмæ ... Ыхы, ыхы... К ъ у ы з ы р б е г. А-а-а! (Йæ куыстыл та ныддæлгом.) Г и б ы л. Ыхы, ыхы!.. Æнæвдæлон кæй дæ, уый уынын, фæлæ... Мæ хъулæттæ мын... (Æфсæрмытæгæнгæ йæм къухфыст бадаргъ кодта). Мæнæ мæ радзырд... К ъ у ы з ы р б е г (къухфыст æнæбары райста, йæ уæз ын абарста йæ къухыл æмæ йæ фæстæмæ разыввытт кодта). Фæцыбыр æй кæн. Балхъивинæгтæ у, балвасинæгтæ. Г и б ы л (аджих). Куыд? Кæм? Цас? Кæд? К ъ у ы з ы р б е г. Афтæ! Уым! Бирæ! Иннæбон!
ИНТЕРМЕДИТÆ ^<уя^^8?1) Г и б ы л. Омæ уал æй кæсгæ уæддæр бакæнут. Ыхы, ыхы... К ъ у ы з ы р б е г. Хъус-ма, классик, æз ацы куысты мæ дæндæгтæ æмæ сæфтджытæ рафтыдтон, æмæ дзы цы кæнын хъæуы, куыд кæнын хъæуы, кæд кæнын хъæуы, уыдæттæ мын дæу амонинаг нæма сты! Ныр та æз æнæвдæлон дæн æмæ мæ... Г и б ы л (йæ къухфыст райста). Бузныг. (Фæцæйцыд, æрлæууыд.) Фæлæ ма æххæст хицауы куы федтаин... К ъ у ы з ы р б е г. Куыд? Кæм? Кæд? Цас? Г и б ы л. Афтæ! Уым! (Йæ сæрæй ацамыдта.) Ныр! Иу минут! Афганистаны хæсты йæ усы æфсымæримæ уыдыстæм... Æмæ мын айразмæ хицау бафæдзæхста, исты, дам, ныффысс уыцы хабæрттæй... К ъ у ы з ы р б е г. Æмæ дын уый тагъд рацæудзæн. Пъланы сты. Г и б ы л. Чи? Ыхы, ыхы. Цы? К ъ у ы з ы р б е г. Дæ мысинæгтæ. Г и б ы л. Хуыцауæй бузныг. Кæннод та, зæгъын, уый дæр дзæгъæл фыдæбон куы рауайа. Дæхæдæг æй æмбарыс — æрыгон фыссæг дæн æмæ... К ъ у ы з ы р б е г. Ма тыхс, мæ байраг хæлар, мах тынг дарæм нæ хъус æрыгон фысджытæм. Г и б ы л. Кæд гæнæн ис, уæд æм бауайон. Нæ ныхас фæбæлвырддæр кæнæм. К ъ у ы з ы р б е г. Цы ма дзы бæлвырддæр кæныс, æз дын фидарæй куы зæгъын — дæ мысинæгтæ абон-райсом джиппы уадзæм. Г и б ы л. Куыд?! Кæд?! Кæм?! Нырма сæ куы нæма ныффыстон! К ъ у ы з ы р б е г. Цы-ы? (Йæ рæдыд бамбæрста.) А-а-а, уый уæдæ йæ фыццаг усы æфсымæры мысинæгтæ сты Венгрийы хæсты тыххæй... ÆНÆНТЫСТ А Р X А Й Д Ж Ы Т Æ: Н а н а Саби л æ п п у Уат хъæуккаг хæдзары. Нана хæринаг кæны. Лæппу уынгæй æрбазгъордта.
(&?*Ь*&^ Темыраты Давид ^-^^^Х Н а н а. Лæппу, дæ чиныгмæ цæуылнæ ’ркæсыс? Л æ п п у. Нырма рæстæг бирæ ис, Нана. Дæхæдæг мын куы фæзæгъыс, тагъд, дам, иу макуы кæн, зæгъгæ. Н а н а. Акса-ма, чердæм æй сыздæхта! Æнæнтыст. Æмæ дын æз исты афтæ загътон... Л æ п п у. Æппындæр ма тыхсгæ ма кæн, Нана. Кондыл сæ нымай. Æххормаг гуыбын — гуыдынхъус! Ахуырыл нæу... Н а н а. У-у, хæйрæг, хæйрæг! Ныртæккæ, мæ къона. (Радавта гуылтæ). Мæнæ дын сойы фых гуылтæ акодтон. Ахæр, нанайы лæппу, ахæр! Дыууæ дзы æрæвæрдта, æртыккаг фæстæмæ систа. Л æ п п у (хæры). Замманай гуылтæ. Æри-ма иннæ дæр! Н а н а. Нал, нал, дæ нывонд фæуон, райсоммæ йæ уадз. Л æ п п у. Æмæ афтæ куы фæзæгъыс, абон бакæнæн цæмæн уа, уыцы хъуыддаг соммæ макуы ’ргъæв, зæгъгæ. X ъ æ л æ с (уынгæй). Госга! Куыроймæ ма мын уæ хæрæг авæрут. Н а н а (дзуры уынгмæ). Бæргæ дын æй авæрин, фæлæ ныртæккæ не ’вдæлы. Лæлпу (æрæджиау). Куыд не ’вдæлы, уартæ цæхæрадоны куы хизы! Н а н а. Æнæнтыст макуы фæу! Уый дæ хъуыддаг нæу! Фæлтау ма мын зæгъ, абон цавæр бæрæггæнæн райстай? Л æ п п у. «Фондз»! Н а н а. Æри-ма дæ боныг! (Æркаст боныгмæ.) Ам «дыууæ» куы ис? Чи дæ сахуыр кодта сайын? Л æ п п у. Ды, æндæр чи?! Н а н а. Æмæ æвтобусы та знон зæронд усæн, Зæлуйæн, цытæ фæдзырдтай? Л æ п п у. Зæлуйæн? Æвтобусы? Æз?! Куы ницы. Н а н а. Куыд ницы, куыд? Абон мын рахъаст кодта! Йæ цуры, дам, лæууын, уый йæ бынатæй уæлæмæ не сты. Æз, дам, æй фæрсын, скъолайы уæ уæздандзинадыл нæ фæахуыр кæнынц, зæгъгæ... Фарста дæ, нæ? Л æ п п у. А-о, фарста, фарста... Фæлæ уый æвтобусы нæ уыд, уый маршруткæйы уыд. Н а н а. Æмæ йын цы загътай? Л æ п п у. Цæуылнæ, зæгъын, фæахуыр нæ кæнынц. Уæдæ,
ИНТЕРМЕДИТÆ дам, зæронд усæн дæ бынат цæуылнæ раттыс? Æмæ, нын, зæгъын, ныртæккæ каникултæ ис. Н а н а. Æдзæсгом! Худинаггæнæг! (Æвзиды йæм.) Л æ п п у (лидзæг фæци). Ма кæн, нана! Æз куы базæронд уон, уæддæр ма каникултæ уыдзæн искæмæнты! ХЪАЗТИЗÆРЫ ЧЕГЪРЕТÆ АРХАЙДЖЫТÆ: Д з ы н г а — бæрзонд, мæллæггомау лæппу. Т ы х с т — дæлæмæдзыд æмæ стæвдтæ арæзт. Исдуг сценæ у афтид, стæй хъæргæнгæ ратылди Тыхст. Т ы х с т. Чи байтыгъта æмбæрзæн? Дзынга! Дзынга! Оу, мæнæ бæллæх! Мæнæ хъаймæт! Мæнæ особа! Мæнæ калак! Мæнæ... Д з ы н г а (рацыд иннæрдыгæй). Уром! Цы хабар та у, Тыхст? Цæуыл та стыхстæ? Т ы х с т. Чидæр нæ хæрзбын кæны, Дзынга! Нæ худи- наджы хъæр айхъуысдзæн абон. Д з ы н г а. Дæдусы загъдау, ггыры бонтæ! Цы кодтам, цы бæллæх ныл сæмбæлд?! Т ы х с т. Цæмæн бакодтай æмбæрзæн афтæ раджы? Д з ы н г а. Куыд раджы? Т ы х с т. Нæ хъазтизæр хъуамæ райдайа аст сахатыл, ныр та авд йеддæмæ нæма у. Сахаты амонæнтæ ивæн ису хъазтизæр кæд æвдыст цæуы, уымæ гæсгæ. Д з ы н г а. Авд?! Фæсте та дын баззад! Т ы х с т. Куыд баззад? Æз æй да-а-лæ «Терк»-мæ гæсгæ куы сарæзтон абон. Д з ы н г а . Хъус-ма, тымбыл уæрыкк, æмæ Терк рæстæг амонæн кæдæй нырмæ сси? Т ы х с т. Уæ, уыцы Теркæй дын нæ зæгъын! Да-а-алæ... Д з ы н г а. Уæдæ фысымуат «Терк»-æй зæгъыс? Т ы х с т. Уымæй дæр дын нæ зæгъын. Да-а-лæ... Д з ы н г а. Уæд та ресторан «Терк»... Т ы х с т (тыхстæй). Уымæй дæр нæ! Уа-а-лæ... Д з ы н г а. Уа-алæ горæты сæрмæ хъæу Теркæй зæгъыс, нæ?
((в!4^^^^ Темыраты Давид ^***^ Т ы х с т. Оу, мæнæ мардæрцыды гæрах! Уымæй дæр дын нæ зæгъын... Да-а-алæ... Д з ы н г а (сфæзмыдта йæ). «Да-а-алæ»... Далæ хъаллæ! Т ы х с т. Да-а-лæ... Оу, бæстæ иууылдæр «Терк» сси, æмæ адæймагæн йæ сæр разилы... Уый дын цæугæдон! ресторан! фысымуат! дуканитæ! кинотеатртæ! газы пецтæ! сахæттæ! футболæй хъазджыты командæ! Гъемæ мæ сахат, горæты бæрæгастæу цы сахат ис, «Терк», зæгъгæ, уымæ гæсгæ сарæзтон. Д з ы н г а. Гъемæ дæ хæдзар сарæзтай! Уый та раст кæд фæцæуы? Уый афтæ... фидауцы тыххæй у. Т ы х с т. Уæдæ, уæдæ! Æмбæлы, æви не ’мбæлы, фидауы, æви нæ фидауы, уæддæр — Терк! Д з ы н г а. Ныр та ном Алан-ыл фæхæлоф кодтам. Лæппу — Алан, чызг — Аланкæ, зæронд лæг — Аланджери, зæронд ус — Алангуассæ! Т ы х с т. Уомæ ма йæ адæмыл æвæрæнт, фæлæ хилдасæн «Алан», ресторан «Алан», къамисæн «Алан», пианино «Алан», хуыйджыты æрмадз «Алан», телерадиокомпани «Алан», Цæгат Ирыстоны дохтырты ассоциаци «Алантæ», Одессæйы цæрæг ирæтты æхсæнад «Алантæ», Абхазийы ирон æхсæнад «Алан», туркаг ирæтты клуб «Алан»... (Адæммæ фæкомкоммæ.) Æллæх, адон та чи сты? Д з ы н г а (кæсы бæрзæндты). Уыдон та алайнаг адæм... Т ы х с т (стыхсти). Æмæ сын куыд акæнæм? Д з ы н г а. Куыд акæнынц, афтæ. (Адæммæ.) Байриат! Цы? А-а, арфæгонд у. Базонæм кæрæдзи. (Тыхст цыдæр зæгъынмæ хъавы. Дзынга йæ нæ уадзы.) Мах уыдзыстæм нæ абоны хъазтизæры чегъретæ. Мæнæ уый у Тæрсойты Тыхст. Æз та... Т ы х с т. Мæнæ уый та у (амоны Дзынгамæ) Хъолоты æнæхъола Дзынга. Йæ хæст мæнæ бындз цецейы хæстæй уæлдай нæу! Д з ы н г а. Дæдусы загъдау, ггуыры бонтæ!.. Æгонгæй, ма тæрсут, хорз адæм. Æз ахæм карз дзынга нæ дæн. Цæй, Тыхст, райдайæм. Т ы х с т (сусæгæй). Фæлæуу-ма, куыд райдайæм, нæ хъазтизæры архайджытæ куы нæма æрæмбырд сты, уæд? Райхъуысти цагъд æмæ зарын.
ИНТЕРМЕДИТÆ ,^^м^8?) Д з ы н г а. А-гъа, хъусыс? Чидæртæ дзы фæзынди. Марадз, ракæн сæ. Уыдон уал райдайæнт, уæдмæ та кæд исчи зынид. Т ы х с т. Хорз. Ды уал адæмы истæуылтыл худын кæн. (Ацыд.) Д з ы н г а. Нæ, мæ къори, ныхæстыл сæ адардзынæн, уыййеддæмæ ахудын кæнын афтæ æнцон нæу. Уæллæй, ахæмтæ ис адæмæй, æмæ йæ æхсæв бонмæ куы. хъыдзы кæнай, уæддæр дын йæ мидбылты дæр не схуддзæни. Иу рагон æмбисонд ахæм и... Т ы х с т (рацыд). С-с-с! Æгъгъæд лæхур, мæ хур, фыдæлтыккон таурæгътæ. Фæлтау сын мæнæ... (Архайæджы ном æмæ мыггаг) азардзæн, (кæнæ ацæгъддзæн) нырыккон цæгъдтытæ. Д з ы н г а. Гъемæ — табуафси. Дзынга æмæ Тыхст ацыдысты æмæ та фæзындысты цагъды фæстæ. Д з ы н г а. Хъус-ма, Тыхст, бавдæлæм æмæ ацы адæмæн исты нывтæ равдисæм нæхи хъæуы цардæй. Т ы х с т. Чи? Мах?! Д з ы н г а. 0! Æз æмæ ды! Ды æмæ æз. Ома мах! Т ы х с т. Йæ зæгъын æнцон у. Кæцæй дын æрхæссон ахæм нывтæ? Д з ы н г а. Афысс сæ дæхæдæг. Поэттимæ куы фæназыс! Т ы х с т. «Афысс æй!» Хуым дæр кæн семæ, уæддæр... Гъе, мæ хур, фыссын у зын. Д з ы н г а. Уызын нæ, фæлæ кæд... кæд йед у, сæлавыр, уæддæр —размæ! Исты хъуыдытæ кæрæдзиуыл аныхас, æндæр дзы цы хъæуы? Нырттæккæ бирæтæ кæнынц афтæ. Бавзар, Тыхст. Æз дæр дæм фæкæсдзынæн. Т ы х с т. Гъемæ фæуæд. Цы абада, уый абадæд. Цы мæ сæфы! (Систа гæххæтт æмæ кърандас. Фыссы, хъæрæй дзургæйæ.) Ко-ме-ди, ома худæджы хабар. Хъус-ма, æмæ фысгæ та цæуыл кæнæм, Дзынга. Йæ сæйраг хъуыды цы уыдзæни нæ комедийæн? Д з ы н г а. Адæмы фæхудын кæнын. Сæ гуыбыныцъæрттæ куыд фæриссой, афтæ. Т ы х с т. Æндæр ницы? Д з ы н г а. Куыд ницы? Æхцайы хъуыддаг дæ рох у? Фыстытæ иууылдæр уый дымæгмæ куы сты. Т ы х с т. Æмæ йед та? Иронау хуыздæр уа, æви уырыссагау?
(^У^^^г^ Темыраты Давид Д з ы н г а. Хъус-ма, мæ тымбыл уæрыкк, æппындæр театры никуы вæййыс æви? Т ы х с т. Бæргæ вæййын, фæлæ... Д з ы н г а. Ирон æмæ уæдæ уырыссаг ныхæстæ сæмтъеры кæн, дзæбæх хамбохъ дзы рафыц, æмæ — хъуыддаг лыг у. . Т ы х с т. Цæуын æмæ хибарæй фыссон... (Лцыд.) Д з ы н г а (адæммæ). Цалынмæ Тыхст йæ комеди фысса, уæдмæ уал мах дæр фæйнæ бануа... (Схуыфыд.) Фæйнæ кафты скæнæм (кæнæ цы номыр уа, уый. Фæссценæмæ.) Табуафси, саккаг кæн! (Адæммæ, чи кафы, уый ном зæгъгæйæ. Йе та цы архайы, уый.) Ацыд фæссценæмæ. Кæрæдзи ивынц хъазтизæры архайджытæ, уалынмæ фæзынд Тыхст. Æдзынæг кæсы адæммæ. Исдуг хъуыдыты аныгъуылы, акæсы та ног, цыдæр ахъуыды кæны æмæ та акæсы. Рацыди Дзынга, кæсгæ баззади Тыхстмæ. Д з ы н г а. Гъæй, Тыхст, джихнизæй фæрынчын дæ? Т ы х с т. С-с-с! Мæ пьесæйæн архайджытæ агурын. Д з ы н г а. Æмæ уыдон кæдæй нырмæ фесты агуринаг? Хъусгæ æмæ фысгæ: иу расыггæнаг, иннæ магуса, аннæ давæг, цыппæрæм дыдзæсгом, фæндзæм мæ ус, æхсæзæм дæ ус, æвдæм... Т ы х с т. Фæлæуу-ма, Гугынты Гагынæй зæгъыс, æви? (Нæмттæ ивæн ис, хъазтизæр кæм цæуы, уым чи уа, уыдоны æцæг нæмттæй.) Д з ы н г а. Акъуырдтай йæ! Т ы х с т (фыссы) Гугынты Гагын... Д з ы н г а. Ныр та дæлæ Гагынты Гугын. Т ы х с т (фыссы). Гагынты Гугын... Хъус-ма, Дзынга, иу та дзы хъуамæ, дины номæй йæхи дæр æмæ адæмы дæр чи сайы, ахæм уа. Д з ы н г а (йæ ныхас ын исы). Æмбæрст у. Табуафси. Моллоты Сæуджен Ксендзы фырт. Т ы х с т. Цæстмæхъус ныхас, козбæуттæгæнæг, йæ хицауæн зæвæтсдæрæг... Д з ы н г а. Уый та дын уæртæ нæхи Пъæнæзаты Сæнæзи. Т ы х с т. Цы ма мæ хъæуы, чи ома... Йæ къусы аууонæй адæймаг кæмæ нæ фæзыны. Адæм æй кæй сæвæрдтой уæлæуæз, уый кæмæй ферох вæййы, ахæм гуымиры чи пиры, ахæм фæлгонц... йæ рондз...
ИНТЕРМЕДИТÆ ..^^^П)) Д з ы н г а. Стыр маст мæм дзы мæнæ-мæнæ кæны, фæлæ дын æй уæддæр æргом зæгъдзынæн — комкоммæ рафысс Иналы сурæт. Æмæ дæ ам дæлæмæ сурæд... Т ы х с т. Кæцы Иналы? Д з ы н г а. Хъæуыхицауы. (Кæнæ цы куыстгæнæг уа, уый.) Т ы х с т. Æцæг, æцæг. (Фыссы.) Налиты Инал... (Архайджыты куы бафæнда, уæд ма ацы номхыгъдыл бафтауæн ис.) Д з ы н г а. Ныр мæ уырны, фыссæг дæ кæй рауайдзæн, уый, фæлæ дзы иу та рæстмæ лæг фæкæн. Кæннод сæ ныхмæ чи самайдзæн тох? Т ы х с т. Æцæг зæгъыс. Иу нæ, фæлæ — цалдæр. Кæннод нæ критиктæ æддæгмидæг ауайын кæндзысты. Стæй исчи, хæрзаг, ма зæгъа, хорз адæм нæм къаддæр ис, зæгъгæ. Д з ы н г а. Нæй! Уæд цы фесты нæ кадджын хистæртæ? Кæнæ нæ гуыппырсар фæсивæд? Уыдон гуыппы тыххæй... Нæ уæздан чызджытæ та? Чи нæ зоны нæ цæхæрцæстыты хуыздæр... (Ном æмæ мыггаг), нæ мыстдуцджыты раззагдæр... (ном æмæ мыггаг)? Нæ дурлæмарджыты... Фысгæ, Тыхст, фысгæ æмæ дæ ма ферох уæнт нæ маргъдарæг (ном, мыггаг), нæ дохтыр, адæмы ирвæзынгæнæг (ном, мыггаг). Т ы х с т. Æнхъæлдæн, мæ сæры кæм цы йед и, уыдоныл комеди срæгъæд и. Д з ы н г а. Цæугæ уæдæ! Цæугæ æмæ фысгæ! (Тыхст ацыд.) Фæтулы та! Махæн та уал... (Зæгъынмæ хъавы, дарддæр цы уыдзæнис, уый.) Ныртæккæ уын... Т ы х с т (йæ сæр радардта фæссценæйæ, сусæгæй). Дзынга! (Амбæхст.) Д з ы н г а (фæкаст уыцырдæм, фæлæ ницы сдзырдта). Ныртæккæ уын... Т ы х с т (хъæрдæр æмæ тыхстдæрæй). Дзынга-а! Д з ы н г а (мæстыйæ, фæссценæмæ, сусæгæй). Фæлæуу-ма чысыл! Мæ хъуыры цы фæбадыс? (Адæммæ.) Ныртæккæ уын... Т ы х с т (тынг хъæрæй æмæ тыхстæй). Дзынга! Д з ы н г а. Дзынга дарæг дæ ма баззайæд! Цæй, цы хабар у, Тыхст! Цæуыл та стыхстæ? Т ы х с т. Мæн цæуын хъæуы хъæуы бынæй хъæуы сæрмæ æмæ-иу, куы фæуат, уæд дуар сæхгæн. Д з ы н г а. Гъемæ — фæндараст! О! Æмæ дæ пьесæ та?
’З^^^^-^ Темыраты Давид Т ы х с т. Бæрнон куысты дæн, Дзынга, стыр бæрнон куысты! Æрбадзырдтой мæм мобильникæй! Дæ рад, дам, у. Иннæ хъазтизæрмæ бацæттæ кæндзынæн алы худæнтæ. Д з ы н г а. Æмæ ма нын æндæр цы гæнæн ис. Цæй, ацу, мауал мæ хъыгдар. (Тыхст ацыд. Дзынга адæммæ аздæхт.) Бахатыр кæнут, хорз адæм, Тыхстыл та фæдæн. Ныртæккæ уын... Т ы х с т (æрбацыд). Дзынга! Д з ы н г а. Уæуу, мæнæ мард æрцыд!.. Цæмæ ма раздæхтæ? Т ы х с т. Дæлæ æдде цыдæр хъæлæба ис æмæ... Акæс-ма сæм, базон æй, циу, цы хабар-рабар у... Д з ы н г а. Æз сæм акæсон?! Т ы х с т. Иу расыг лæппу чызджытæм къухæй æвналы, æлгъиты... æмæ мæнырдæм куы фæуа... Д з ы н г а. Фæлæуу, фæлæуу, æмæ йед нæ дæ — милиционер? Уæд мæн кæдæм æрвитыс? Дæуыл æмбæлы æмæ — цæугæ! Т ы х с т. Цæугæ... Нæ!.. Цытæ дзурыс?.. Стæй уый мæ бæрны бæстыхай нæу... Æз уæртæ иннæ уынгæн дæн æгьдауæвæрæг... Д з ы н г а. Æ, мæгуыр бæстæ, мæгуыр! Цымæ, цы уыдзыстæм ахæм æгъдаухъахъхъæнджытимæ? Цон, мæхæдæг сæм акæсон. Бахатыр кæнут, хорз адæм, сымах ам бадгæ уадзын, уымæн æмæ иннæты та æндæр ран сбадын кæнын хъæуы... (Лцæуы.) Т ы х с т (йæ фæдыл кæсы). Уый дзынга нæу, дзынга, фæлæ цъиусур! (Адæммæ фæкомкоммæ.) 0, хæдæгай... Сымах та чи стут, цы стут? (Ацæуы.) Кæроибæттæн Дзынга æмæ Тыхст раарфæ кæнынц адæмæн.
плиты трм: 90 азы
ГРИСЫ ФЫСТÆДЖЫТÆ ГАФЕЗМÆ едыр, дæ бон та мын хорз! Райстон дæ фыст, цы уацмыстæ дзы уыдис Сталины бæрæгбонмæ, уыдонимæ. Райстон Реуазы фыстытæ дæр, йæхи æмæ Георгийы уацмыстимæ. Абон сæ радтон Дарчиты Дауытмæ. Мæхæдæг иу чысыл лæмæгъгомау дæн, стæй Сталины номыл чиныг бацæттæ кæнын дæр Дауытæн хæсгонд кæй у, уый тыххæй. Уæ фыс- тытæ чиныгмæ кæй бацæудзысты, ууыл æппындæр дызæрдыг ма кæнут. Иттæг æхсызгон мын у, чиныг рауа- дзынæн уе ’ххуысы хай кæй кæнут, уый. Ам уа æви Хуссары, уæддæр хъуамæ ахæм бæрæгбоны Иры номæй нæ фыс- джытæ сæ ныхасы хай зæгъой Сталины тыххæй литературæйы фæрæзтæй. Æнæсæрæндзинад у ахæм рæстæджы нæ сарæхсын, хорз исты нæ ныффыссын. Хадо æмæ Андрийæн бахæс кодтон, цы уацмыстæ райстам, уыдонæй журна- лы дæр куыд спайда кæной. Хадо, æвæццæгæн, 15 октябры ацæудзæн уырдæм, иу чысыл нæхи бæсты йæ фæллад суадзынмæ, йæхи аирхæфсынмæ. Мæллæг у, æмæ-иу æм истæмæйты уæ цæст фæда- рут, чтобы он там свое время провел безза- ботно. Это ему очень необходимо. Хæстæджытыл мæтгæнаг у, мæт кæнын æй ма бауадзут, стæй æнкъард кæнын дæр.
ФЫСТÆДЖЫТÆ ,«^^^5) Ног хабарæй мæм æндæр ницы ис. Кæд фадат фæуа, уæд, чи зоны, мæхæдæг дæр фæфæнд кæнон иу цалдæр бонмæ ныу- уайын. Тынгдæр Абдулы тыххæй, — нырма йæ фыдæбонæй нæ фервæзти. Саламтæ мын ратт Елиоз, Резо, Георги, Реуаз, Плигер, Ха- дзумар, Дауыт, Ило æмæ иннæтæн, се ’ппæтæн номхуындæй. Уæ дзæбæхтæ мæм хъуысæнт! Грис Плиты 12.10.49 аз Р.5. Чингуытæ дын фæласы нæхи Хадо. Дæ дзæбæхтæ мæм хъуысой, Федыр! Райстон дын дæ писмо, дæ арфæтæ. Стыр бузныг! Дыууæ мæйы та фæсадтæн, рабадтæн абон, ацыдтæн уынгмæ, куыстмæ. Чи мæ федта, арфæтæ мын кодтой, зæрдæтæ мын æвæрдтой: «Ма тæрс, Грис, куыдз къуылыхæй нæ мæлы». Хорз ныфс у! Ныфс та цæджындз у, кæд та уыцы «цæджындзы» æнцой иу цъус алæууин. Зын мын уыди, пъланмæ дæ чиныг хаст кæй не ’рцыди, уый. Фæраз! Уый дæр ныфс у. Афтæ мæм кæсы, цыма æцæг литера- турæ кæм ис, стæй литературæмæ кæй фыстытæ нæ хауынц, уый нæм рæхджы æмбарын байдайдзысты. Æмæ уæд пъланмæ хæссинаг чи у, рауадзын кæй хъæуы æмæ рауадзыны аккаг чи нæу, уый æнцондæр æвзарæн уыдзæн. Æз, уым ма фысгæ чи кæны, уыдонæй иу лæгæй литературæйыл нымайын æрмæст дæу æмæ Дзугаты Георы фыстытæ, кæд кæсгæ сеппæты дæр кæнын, уæддæр. «Фидиуæг» кæрæй кæронмæ фæкæсын, мæ дæндæгты къæс-къæс фæцæуы Реуаз æмæ Ильяйы «рифмæ- гонд» дзæнгæда кæсгæйæ, фæлæ уал сын барст уæд — рæстæгмæ. Куыддæр мæ сæрæн суон, — уымæ та бирæ афонтæ нал хъæуы, — афтæ сæ иу статьяйы бæстон равзардзынæн. Дæ зæрдæ мыл дар, уый бæрц хъару æмæ зонындзинад мæм ра- зындзæн. Мæ астæу мын асаста Абдулы хабар. Мæ хотæ йæ зыдтой, фæлæ мæ тæккæ уæззау рынчыныл уыдтæн (вспышка в легких проклятой болезни) æмæ мын æй не схъæр кодтой. Абдул йæхæдæг фæдзæхста, цæмæй мын æй рæстæгмæ ма схъæр код- таиккой. Ныр дзы тел райстон, фæхæццæ йæ бынатмæ. Стæй — дæ писмо. Посылаю тебе свой сборник, ужасно, отвратительно оформ- ленный. Прилагаю и недостающий номер (12) «Мах дуга» на
^Э^^^Аг^ Плиты Грис ^^^ 51 год. Просмотри статью мою и сообщи свои соображения. Я болел и общий тон статьи получился каким-то нервозным, не- ровным, неспокойным, мысли не собраны. Если буду чувство- вать себя лучше, подготовлю другую статью о противоречиях между формой и содержанием в осетинской литературе, об идеализации прошлого осетин и о национальной ограниченнос- ти в осетинской литературе (одна статья). Думаю, это поможет нам высвободиться от некоторых пороков и ошибок, тормозя- щих развитие нашей литературы. Но это будет, если в отноше- нии здоровья буду чувствовать себя лучше. Очень не понравился мне рассказ Д. Джиоева в №12 «Фи- диуага»: все в нем надуманно, примитивно, устарело и выпол- нено по-детски. При всем уважении к нему он литературу пре- вращает (если еще не превратил) в источник дохода, что нахо- дится за пределами добрых качеств советского человека, не говоря уже о писателе, который призван бичевать подобные пороки в людях. На исключительно низком уровне находятся все стихи Ильи Плиева в том же номере. Поражают подхалимством, угодниче- ством и другими отвратительными особенностями. Ни одной свежей оригинальной мысли, никакой глубины в чувствах, аб- солютное отсутствие какой бы то ни было образности и выра- зительности. Просто — опусы!.. Пьесу «Ирон лæппу» еще не закончил, театру не предлагал, пищу без договорных связей. Здесь запретил издание своих стихов из-за плохого качества перевода. Запретил и включение своих 7 стихотворений в антологию осет. литературы в Москве после снятия «Солдата» и «Сказания об одиноком». А сти- хотворение «Мад» снял редактор Гутиев из сборника на осет. языке по причине, ведомой только редактору. Чи зоны, мæн мæлын хъæуы утæппæт хабæртты фæстæ, фæлæ мæ уд нырма куыдзы удæй фидардæр у æмæ мын, æвæццæгæн, зæгъгæ дæр уымæн кодтой: «Куыдз къуылыхæй нæ мæлы...» Полагаю, что хотя бы чуточку отдохнешь и получишь неко- торое удовольствие при чтении моей статьи, хотя бы в связи с историей своего сборника стихов, вышедшего здесь, в Сев. Осе- тии, под «редакцией» объекта моей критики. Ну, с тем до свиданья. Привет твоей супруге, Георгию Дзугаеву. Передай ему, пусть
ФЫСТÆДЖЫТÆ ... >^<&^97> _ „ ^2^=^й^у не хворает. Желаю вам наилучших благ, здоровья, успехов в нашей осет. литературе. 0, привет Роману, Никъа, Васе (Дзедза), всем! 14.01.1952 Грис Плиты Р.5. Письма я пишу лично для тебя, чтобы их никто другой не читал. Дæ бонтæ хорз, Федыр! Рагæй дæ ницы хабар хъусын, æцæг, мæхæдæг дæр ницы фыстон, — æмæ мын зын у. Цы хуызæттæ стут, куыдтæ цæрынц нæ хæлæрттæ, нæ зонгæтæ? Знон Нафийæ писмо райстон, æмæ уæ уый дæр хъаст кæны, кæй йæм нæ фыссут, уый тыххæй. Ам ног хабар ницы ис. Æрæджы нæм уыди конференци литерату- рон бынтæ ахуыр кæныны æмæ критикæйы фарстатыл. Конфе- ренци æвзæр нæ рауади, фæлæ та йын йе ’рмæг газетты равдыс- той къаппа-къуппатæй, ивдтытæй, æндæр хуызæттæгондæй. Елиоз æмæ Резо цæрынц æнæнизæй, афтæ — сæ бинонтæ дæр. Уæззау рынчын у йæ зæрдæйæ Тæтæри, фæлæ уымæн дæр йæ низауы кризисон уавæр фæцис, ныр æндидзын байдыд- та. Хадзыбатыр дæр хъæрзгæ уыди, абон сыстад. Иннæтæ се ’ппæт дæр — сæрæгас, дæ дзæбæхтæ сæм хъуысæнт! Дæ хорзæхæй, Федыр, кæд дын искуы фадат фæуа, уæд ма искæмæн бахæс кæн Абдулы адрис базонын: цы хабар дзы ис, цы фыссынц, æмæ мын æй исты хуызы фæхабар кæн. Кæдæй нырмæ дзы ницы хъуысы!.. Æнамонд у, фæлæ йæм уæддæр зæрдæ ’хсайы. Мæхæдæг бадын, хæдзары хъуыддæгтæ кæнын, ацы сахат æнæниз дæн, рæхджы мæ пьесæгонд «Ирон лæппу» («Æвзаг») ног арæзт фæуыдзынæн. Нал мæм фыссыс, æвæццæгæн дын де стихуац «Мæскуы» кæй фехæлдтон, уый тыххæй. Фæлæ æз æрмæст фæстаг стро- фамæ бавнæлдтон, иннæ ног редактор аппæрста, хыл дæр ма фæдæн йемæ, кæд байрæджы ис, журнал цæттæ уыдис, уæддæр. Зæрдиаг салæмттæ мын ратт æмæ бирæ фæфæрс Георгийы Дз., Ильяйы нæхи, Ильяйы (Кавказаджы), Плигеры, Дауиты æмæ иннæты се ’ппæты дæр. Сæрмагонд салæмттæ Дзедзайæн (Васяйæн), Романæн, Никъайæн. Уæ дзæбæхтæм бæллæг — Грис Плиты 10.1.53 аз
Плиты Грис Грис йæ кусæиуаты. Рахизырдыгæй — Грис. 1945 аз.
ФЫСТÆДЖЫТÆ Бадынц: Грисы бииойиаг Лфассæ, сæ чызг Мæдинæ, Грис. Лæууынц сæ фырттæ: Лео (галиуырдыгæй), Алан.
Плиты Грис Грис æмæ Епхиты Тæтæри. Лæууынц: галиуырдыгæй фыццаг — Тæтæри, дыккаг Грис. Рахизырдыгæн бады Боциты Барон.
ФЫСТÆДЖЫТÆ Грис, Абайты Васо, Хуыбецты Райæ, Цырыхаты Михал, Хъодзаты Æхсар. Рахизырдыгæй галиуырдæм: Грис, Нафи, Бæциаты Агуыдз.
Плиты Грис
ФЫСТÆДЖЫТÆ Дорогой Федор! Твое последнее письмо из Ессентуков мной получено. Отве- та не последовало из-за опасения, что он тебя не застанет на месте. Трехтомник Коста у меня имеется. «Свой» экз. послал по- тому, что в тот час у меня под рукой не было чистого, нового экземпляра. Так что не присылай его напрасно. К письму прилагаю доверенность на получение метрической выписки в архиве Юго-Осетии. Доверенность составил на твое имя (ближе у меня там нет никого), так что очень прошу, найди в архиве близкого человека, который бы покопался в списках, нашел бы меня и сделал бы выписку. Искать надо с 1910 по 1914 гг., т.к. точно никто не знает мой год рождения. Село Средний Рук, отец — Пылиты Дзамбол, мад — Пылиты кæнæ Хæныкъаты Масо. Фыст уыдзæн кæнæ уырыссагау, кæнæ гуыр- дзиагау. Если ты это сделаешь — мæрдты бæсты дын дæндагæй цырагъ дардзынæн, кæд уæлæуыл ницы мæ бон бауа, уæддæр. (...) На счет Дзауахеттаг дзæргъ... Ты, конечно, прав во всем и, наоборот, очень неправы люди, поддерживающие кривую Джи- каеву. Не так давно в «Рæстдзинад»-е было одно мое сатири- ческое стихотворение «Хъусой»..., в котором высмеиваются именно такие вульгаризаторы , неудачники, клеветники, завис- тники и т. д. (Как Джик. Ан.). Раст та мын, «Гæгу лæг у» стихы тыххæй цы ми бакодтой, уыцы ми фæцæйкодтой, фæлæ сæ стæрсын кодтон, зæгъын, уæхиуыл дæр уын ныффысдзынæн! — æмæ фæйнæрдæм ныббындзытæ сты. Я бы давно учинил всей этой шайке невежд потрясающий разгром, но в руковод- стве никто активно не поддерживает, боятся. Однако, думаю, что в ближайшем будущем эта шайка будет разоблачена надле- жащим образом. Поразительно, что в числе активных членов этой шайки клеветников и двурушников оказался бездарный тип Тембол Балаев. Я долгое время продвигал и поддерживал его, а он, проходимец, во все органы писал обо мне, равно как и о Мамсурове, Джатиеве и других, анонимки, распространял злостную клевету. Последняя его рецензия требует: «Все, что написал Плиев Гр., нужно изьять как порочное и чуждое наро- ду» и т. д. Как после этого не хохотать: Федыр! Хуыссæгыл ма кæ сагъæс, — Миййаг æнæхуыссæг куы уай,
^О^^с^. Плиты Грис ^^^^<^ — Уæд-иу Темболы стихтæ бакæс Æмæ хуыррытт фынæй кæнай! Таково же и поведение Бесаева Тазе: Егъау фыссæг æй чидæр хоны, Фæу, дам, драмæ ’хсæвæй бонмæ... Цы ’взагыл фыссы, уый куы зонин, Уæд æй тæлмац кæнин иронмæ. В числе их долгое время был ныне разоблаченный невежда и шизофреник, проведший более двух лет в психиатрической кли- нике, один год в доме буйнопомешанных — Джиоев Хазби: Хазби нæу лæг, нæдæр у гал, Уый у хуымæтæджы вандал. Нæу маргъ, нæу адæймаг, нæу фос, Фæхуыссыд æррадоны бирæ, — Уый у йæ низы хай нæ Ирæн, Æмæ йын ницы арæм хос... Мæлæт, дæхимæ ма йæ акæн, — Фæхос у ахæм маниакæн! Поэт, æввонгхор ма у ды, Къобор Хазбийы фæдыл ма цу! — Зон, уымæн й’ алкæцы хъуыды Кæцæйдæр давд кæнæ тæлмац у. Афтæтæ æмæ уфтæтæ!.. Уый та дын, цы кусын, уый. Цы кусай, уый дын цъыфы бын куы чындæуа æмæ сын «ма кæнут!» зæгъæг куынæ уа, уæд афтæмæй кусæн ис! Новостей нет. На 53-54гг. запланировано издание на осе- тинском языке трехтомника Мамсурова. Вот единственное, что радует и чем можно порадовать. Думаю послать Илье ряд са- тирических стихов. Год работаю, ничего не получаю и матери- альная сторона заставляет печататься. С приветом! Грис. Дзауджикау. 11.9.53 аз Здравствуй, дорогой Федор! Получил твое письмо. Сердечно благодарен тебе, дорогой. Един- ственное, что мне доставляет отраду, это — письма друзей, близ- ких, знакомых, круг которых становится почему-то все уже и уже. На днях меня в Обкоме так разделали, так! Арв æмæ зæхх æмбу кодтой мæ тæригъæдæй. Мæныл йæ къах чи нæ сæрфта,
ФЫСТÆДЖЫТÆ ^^^К) чи мыл нæ ту кодта, мæ бæрзæй мын чи нæ тъæпп кодта, ахæм бирæ нæ уыди. Ме ’мбæлттæ, — кæй сæрыл хæцыдтæн, цæфтæ кæй тыххæй райстон, кæй хъаггæдтон, уыдон та, мыстытау, хуынчъыты бабырыдысты æмæ уырдыгæй гудзитæ кодтой. Ай- размæ дæ писмойы фыстай иу Дзауахеттаг дзæргъы тыххæй. Фæстаг ахъаззаг тох скодтон Елбыздыхъо, Дауит, Цомахъ æмæ кæйдæрты сæрыл, фæлæ тæккæ размæ ралæууæны фæстæмæ фæкастæн æмæ мæ фарсмæ никæй ауыдтон. Мæ зæрдæ суынгæг ис æмæ галау ныббогъ кæнынмæ хъавыдтæн, фæлæ мæ цæстысыг цы ’ркалдис, æндæр мæ дзыхæй ницы мыр сирвæзти... Ныххостой мæ, карз æфхæрд мын радтой æмæ бæрзæйкъулæй рацыдтæн. Æппæты зындæр та мын уый у, æмæ вульгаризаторты ами- дингæнæг Дж. А-имæ чъизидзæсгом Тембол кæй разынд. Уымæй калмдæр калм зæххыл нæ уыд, нæй æмæ нæ уыдзæн никæд!.. Уый æнаккæгтæн сæ тæккæ сæр у, æмæ йын æй макуы ферох кæнут сымах дæр. (...) 0 чем мне хотелось попросить тебя, дорогой. Мне передали, будто бы Залихан Чабиева просила переслать ей имеющиеся на Севере пьесы (переводные). У меня есть переводы на осетинский язык следующих произведений: Буряковский — «Прага остается моей» (Юлиус Фучик), Шекспир — «Виндзорские кумушки», Мольер — «Проделки Скапена», Галан — «Под золотым орлом», Гольдони — «Хозяйка гостиницы», Тренев — «Любовь Яровая». Если сможешь улучить время, зайди к Залихан и предложи ей этот список пьес. Æз сæ рамыхуыр кодтаин æмæ арвыстаин, фæлæ — хъуамæ йæ зонай, — тыхст уавæры дæн... Я теперь не в моде, более 2-ух лет нахожусь под непрерывным перекрест- ным огнем и переживаю временно тяжелые материальные зат- руднения. Кæд мын сын хæрзчысыл исты бафиддзæн, уæд сæ рамыхуыр кæнын кæнин æмæ йын иугай экземпляртæ арвитин. Пьесæ мыхуыргæнæггаг машинисткæйæн 150 — 200 сомы æмæ иучысыл та тæлмацгæнæгæн (мæрддзæст нæ дæн). Бæргæ худи- наг у ахæмтæ фыссын, фæлæ... хуыздæр гæнæн ницы ис, ха- тыр!.. Дзуапп райсыны фæстæ-иу мæм фæхабар кæн. Уæ дзæбæхтæ мæм хъуысæнт! ГрисПлиты Ныффыссыны рæстæг бæрæг нæу, фæлæ йæ мидисæй зыны: 53 азы кæрон кæнæ 54 азы райдиан кæй у фыст.
Плиты Грис Фарн дæм дзура, Федыр! Цалдæр мæйы размæ дын дæ писмо райстон æмæ дын дзу- апп нæ радтон, Георги уырдæм кæй цыди æмæ хабæрттæ йемæ кæй аласта, уый тыххæй. Кæд дын Георги дзырдта: ам бæрæгбо- ны номыл (Цæгат Иры автономийы 30 азы) мыхуыры уадзынц иу чиныг, æмбырдгонд, антологи. Æркастæн æм, хуыздæр, фылдæр æвдыст дзы куы уаис, уый мæ фæнды. Иу къорд сти- хы ма кæнæ кадæг исты куы рарвитис— æвзæр нæ уаид. Чи зоны, ма Нафи дæр ног фыстытæ иу æртæ-цыппар рарвита (Дарчийы-фырты номыл, рауагъдады). Кæд уæ бафæнда, уæд батагъд кæнут, — рæхджы йæ типографимæ ратдзысты æвза- рынмæ. (...) Кæд нæхи зараг Гришæйы фенай, уæд ын зæгъ: Иссæ, дам, мæ мæ хурхмæ скодта ирон пластинкæты тыххæй, уæлдайдæр та, зæгъ, дæ зарджыты тыххæй. Æмæ йæм цы ис, уыдон мын рарвитæд, сæ аргъ ыл сæмбæлдзæн, кæннод та йын сæ йæхæдæг арвитæд Бакомæ. 1-аг августæй мæ Дзаумæ хъæудзæн лæппутæн æртæ путев- кæйы. Хицау чи у, уымæн мын зæгъ, — æхца арвитдзынæн, ма мæ ферох кæнæд. Литературон курсытæм æвзарын байдыдтой. Кæд исты фыс- синаг дæ, уæд нырæй хуыздæр рæстæг нал уыдзæн, — Симо- новмæ, Тихоновмæ. Саламтæ. Грис 10.05.54 аз Дæ бонтæ хорз, Федыр, æмæ дын дæ дзæбæхтæ хъусон! Ныртæккæ дын райстон дæ писмо æмæ дæм, æцæг, фæцæймæсты кодтон: цæуылты хъуыды кæныс, цæмæты дæ хъус дарыс!.. (...) Афассæйæн йæ зæрдæйы тыххæй Дзауы бæзгæ дæр куы нæ кæны, уæд æй уым йæ фæллад уадзын куыд фæнды- даид? Тæргай дæр дæм ницы фæци: дæ писмо йын бакастæн æмæ диссæгтæ бакодта, цытæ, дам, дзурыс!? Тынг бузныгæй раздæхти, бауырнæд дæ... Хорз у, Надя дæр уым демæ кæй ис, уый, науæд та дыл хуыз не ’рхæцыдаид, дæ къуырф цæстытæ та фæйнæрдæм ус- тыты фæдыл кæсгæйæ, ныджджыгъгъитт уыдаиккой, афоныл та нæ фынæй кодтаис. Фæлæ дын ныр Надя дæ авналæнтæ цыбыр дардтаид, — хъуамæ хæрзхуызæй æрыздæхай. (...) Уырдыгæй куы цыдтæн, уæд Елиоз Калакмæ цыдис авто- станцæй æмæ мын афтæ загъта: «Грис, куыд æнхъæл дын
ФЫСТÆДЖЫТÆ ^<>^^07} уыдтæн, афтæ хорз нæ разындтæ...» Цæмæй, цæй фæдыл загъ- та, абон дæр ын ницы ’мбарын. Верæйы нæ абæрæг кодтон, рынчынфæрсæг æм нæ бауадтæн, — уымæй азымджын дæн, фæлæ уымæн æндæр хуызы зæгъæн уыдис. (...) Ме стихты чи- ныджы тыххæй дзы Абдул дыууæ мæйы размæ аванс райста 3 мины æмæ йæм кæд уыдон тыххæй исты уайдзæф хауы, уæд сæ фæстæмæ бахæсдзынæн, æндæр ницы мæ сæрæн зонын. Уый мын цас хорз æнхъæл уыди, бæргæ уыйас хорз куы уыда- ин, мæхи дæр фæнды, фæлæ кæд хорзæй ницы мæ бон у, уæддæр æвзæрæй дæр барæй никуы никæмæн ницы сарæзтон, ард бахæрдзынæн уый тыххæй. Салæмттæ нæ хæлæрттæн се ’ппæтæн дæр: Резойæн, Ели- озæн, Дзугаты, Дзаттиаты, Бестауты Георгитæн, Реуазæн, Ми- халæн, Къуыдайраг Нафи-джанæн, Хадзумарæн, Ильяйæн Плиты — уе ’ппæтæн æд бинонтæ, æд байзæддаг! Ацы мæйы фæндзæмæй дæсæммæ уæ иу бон абæрæг кæндзынæн, Калакмæ фæндагæй фездæхгæйæ, кæд мæ не сфæлмæцыдыстут, уæд. Уæ дзæбæхтæм бæллæг Грис Плиты 31.08.57 аз. Дзæуджыхъæу Здравствуй, дорогой Федор! Большое тебе спасибо за письмо и номера журнала. Ряд стихотворных вещей тут же по получении проглотил залпом, в первую очередь переводы с грузинского и русского, остальные буду читать завтра. Общее впечатление почти от всех прочитанных вещей как оригинальных, так и переводных — приятное. Особенно пора- довал меня самый, на мой взгляд, талантливый послекостаевс- кого периода осетинской литературы поэт Г. Бестаев в его пе- реводе «Цардиппæрд» Чавчавадзе. Чудо как хорошо он пере- дал возможностями осетинского языка трудную специфику грузинского стиха (дактилические окончания с рифмами бога- тыми) и ударения. А какая у него лексика! Молодец! Очень порадовал и меня своими переводами Михал, Хаджи- Мурат. Прекрасно владеет стихом «Бориса Годунова» Мамиев Гр. Его перевод выполнен весьма удачно, хотя речь можно было сделать более звучной и сценичной, что для данной трагедии имеет существенное значение. Ужасны и отвратительны по художественному выполнению
;ГК^^^>^ Плиты Грис ^^аа^^^ — стихи Асаева в первом номере за этот год. Удивляет читателя одно обстоятельство: как мог Георгий, опытный журналист, сам писатель, поместить в журнале подобные опусы?.. Ну, ни капельки искусства, никакой мысли!.. На этот раз не очень мне понравилось стихотворение Геор- гия Дзугаева «Уазæгуаты». Мы ведь трое состарились, лæгъсти- аг никæмæнуал стæм. Прочитал только один раз «Мад». Мæ мад дæр Масо хуын- ди. Надеюсь, ты представляешь себе, как я реагировал, как переживал каждую строку, каждое слово. Многое в поэме — на высоком цакале. В ней масса удачных мест, язык хороший, читается поэма легко, многие образные фразы врезываются в память и остаются в ней. А вот все-таки чего-то не хватает, после прочтения остается какая-то неудовлетворенность. То ли это от спешки, то ли сокращения произошли, и это мешает целостному восприятию, то ли композицию надо перестроить, но чувствуется какая-то незавершенность. Я еще раз прочту и эту и другую твою поэму. Скоро Нафи приедет ко мне из Ле- нинграда, мы обсудим и напишем тебе о своих суждениях. (...) Я думаю, что в 59 году нашей декады все-таки не будет... Мы ведь не готовы: без больших драматических спектаклей, без оперного театра и балета, без хорошего романа на совре- менную тему, без профессинальной песни (...) — куда мы по- едем и кто нас будет смотреть, слушать?.. Мне сдается, что декада будет перенесена на 1960 год, если вообще к этому времени не будет пересмотрен вопрос о целе- сообразности проведения декад. Но независимо от этого вопрос об издании книг, в том числе и южан, можно и должно ставить и решать. Я продвигаю воп- рос об издании здесь монографии Нафи о Коста. Уверен, что это решится положительно. Возможно, издадут и стихи его в 1959 году. В мае в набор поступает книжка детских рассказов Г. Дзугаева (сообщи ему об этом). Что касается издания в Мос- кве, то приезжай с кем-нибудь сюда, Нафи здесь, и пойдем группой к хозяину и конфиденциально поговорим с ним. Ду- маю,,нескольких (тебя, Дзугаева, Нафи) и общий сборник мо- лодых (Бестаева, Нартикоева, Дзуццова) — всего 4 книжки! — можно добиться издания их в Москве. Если хозяин напишет в ЦК письмо, то книги выйдут наверняка... Посоветуйся с Гео- ром...
ФЫСТÆДЖЫТÆ г’^-^^Ь Ну, я, кажется, слишком отнимаю твое время. Привет и добрые пожелания Наде, друзьям нашим. Будь здоров! Твой Гр. Плиты 14.04.58 аз Дорогой Федор! От всего сердца поздравляю тебя, Давида и Реваза с награ- дами, я все время думал о Георгии: как бы хорошо было, если бы и о нем не забыли! Он честный работяга, труженик. Душа у него чуткая. Он будет переживать то, что из этого поколения он один обойден. Поддержите его духовно. Да и пусть он сам не унывает: ордена не могут увеличивать количество и улуч- шать качество произведений поэта. Награды — они хороши для солдата, честолюбца. Если они ему нравятся, пусть возьмет мои, их хватит. Словом, йæ зæрдæмæ цæмæй ныккæса, ахæмæй дзы ницы ис. Знаешь, какая мысль пришла мне в голову?.. Что, если в госиздат посадить обратно Георгия Джатиева, взвалив долж- ность редактора «Фидиуаг» на Георгия Дзугаева, тем более, что он вернулся в ряды партии и нет уже никаких причин, могущих помешать этому делу?.. (...) Поделись тихо этим планом с Зелимом. Он ведь добрый, честный, настоящий мужик, которого не любить может разве только один черт. Георгия Дзугаева сборник рассказов для детей скоро сдает- ся в набор, — так сказал мне Саламов Алихан. Привет Зелиму и всем нашим друзьям. Как Бестаев, Дзуц- цов, Нартикоев? Саламтæ сын! Будь здоров! ТвойГр. Плиты 03.05.58 аз Дорогой Федор, здравствуй! Твой Кудайраг Нафи, когда был здесь, приобрел для тебя две книги: «Очерки теории и истории русского стиха» и «Сти- листику художественной речи». Обе хорошие книги, мы для себя тоже достали их, но он забыл захватить их с собой. Уас- дже Цхурбаев говорил мне, что таких книг нет в сталинирском магазине. Я высылаю их, а напишет тебе на них пусть сам Кудайраг. Сегодня, 12 июня получил «Фидиуаг» номер пять и в пер- вую очередь прочитал стихи Нафи и Георгия Бестаева. Боже! Никогда я после «Ирон фандыра» не испытывал такого бла-
ШН^с-» Плиты Грис женства, такой великой, захватывающей все мое существо твор- ческой радости от всего того, что прочитано мной на осетинс- ком языке. Нафи для меня не нов, я хорошо его понимаю и чувствую, хотя, мне кажется, что у него таких стихов до сих пор еще не было и никогда мне таких не показывал. Но осо- бенно потряс меня дух Бестаева Георгия. Я перечитываю его стихи и с каждым разом обнаруживаю в них все новые и новые качества, мысли, художественные красоты. Какой отточенный стих! Какие сравнения и метафоры! Какой неукротимый дух и сила выражения! Демонический полет мысли, блеск молнии, клекот могучего орла! Как бы мне хотелось видеть отдельным изданием этот ко- роткий цикл стихов Георгия, чтобы все, кому дороги интересы осетинской поэзии, кто работает в области осетинского стиха, учли, что после них, этих стихов Георгия, нельзя уже писать ниже их уровня, с меньшим внутренним поэтическим накалом, что всем остальным необходимо держаться, а если возможно, стать еще выше этого уровня. Хорошо бы Георгию Дзугаеву выступить со статьей об этих стихах талантливейших молодых поэтов Осетии, — он может страстно, с огнем, поэтически сильно и целеустремленно сде- лать такое выступление, у него это как-то хорошо получается. Сам я с радостью написал бы две-три страницы об этих стихах, но боюсь, не получится у меня достойной их статьи, да еще сейчас, после их прочтения, нахожусь в таком волнении, что могу наломать дров и наделать массу глупостей. Уж лучше Геору, он ровней, выдержанней, спокойней, глубже, мудрей. А выступление такое очень необходимо. Нельзя пропускать такое необычное явление в нашей поэзии без особенного вни- мания. Надо обратить на него внимание всех читателей, в пер- вую очередь поэтов. Со своей стороны я приношу им большую благодарность за ту великую творческую радость, какую доставили мне своими дивно хорошими произведениями истинной поэзии. Большое спасцбо всем работникам редакции журнала «Фидиуаг» за опуб- ликование этих стихов. До свидания! Твой Гр. Плиев 12.06.58 г.
ФЫСТÆДЖЫТÆ ^^^Л} Друже, Федор, здравствуй! До каких пор ты будешь болеть и когда прочно станешь на ноги? Когда ты пошлешь ко всем чертям эти желудочные боли? Иу куыдзы ахсæнæй йæ уæддæр раив, гормон! И что ты нашел хорошего у этих местных эскулапов? Тряхни стариной, поеез- жай в Москву к крупным специалистам, чтобы тебя вылечили по-настоящему, тем более, что сейчас язвенные заболевания излечиваются быстро, легко и навсегда. Демæ фембæлгæйæ мæ дæ мæт нæй, мæхи мæт тынгдæр кæнын, уымæн æмæ фын- джы уæлхъус дæумæ гæсгæ нæдæр хæрæн ис, нæдæр нуазæн, — исчи мæ мыййаг бирæгъы ’фсон рудзынгæй куы ’рбагæрах кæна!.. Фæлæ ды дæр æнæнизæй ме ’мхæрд, ме ’нуæзт куы кæнай, уæд, чи зоны, цуаноны хъæргæнæг де ’рдæм арæзт фæ- уаид æмæ æз фервæзин. Хъазын хъазын у, фæлæ ма бавдæл æмæ дæхи равдис мæскуы- йаг дохтырæн. Рафæнд кæн, фембæлæм, иу-дыууæ зарæджы азарæм. Кæд цæуай, уæд-иу уыцы къаннæг боцкъа ма ферох кæн, мæнæ сæн кæм вæййы, уый. Георги журналмæ кæй бацыди, Елиоз рауагъдадмæ, уый дæр фехъуыстон. Уыцы хъуыды кæй сæрмæ æрцыди, йæ баххæст кæныныл чи бацархайдта, — сæ рынтæ мæ уды хай фæуæнт! Æрмæст ма Елиозæн хорз æххуысдар ссарут (по хозяйствен- ной части). Он сам чуточку тяжеловат, да и творческая работа отвлекает его. Поэтому необходимость в таком помощнике для него большая. Георгий, тот смекалист, поворотлив, быстр, и очень сообразителен. Он все сам мог делать, а Елиозу дозаре- зу нужен помощник-хозяйственник. Это — первое, о чем хоте- лось написать мне тебе. Второе. Очень прошу тебя принять меры для издания в этом году стихов Дзуццова Хаджи-Мурата, строк 700. Он один из тех, на кого можно и должно надеяться: талантлив, трудолю- бив, скромен. Далее. К будущему году на литуратурные курсы подготовить хороших, честных, умных людей. Они очень по- лезны для тех, кто хочет учится. Молодец Нига! Как она хоро- шо работает, усердно учиться! Иннæтæй дын ницы зæгъын. Дæ каис 4 хатты бацыд иу экзаменмæ æмæ, дам, æй 4 хатты про- фессор фæстæмæ рарвыста — предмет нæ зыдта... О, уыдоны тыххæй. Æнхъæл дæн, уырдыгæй сыл чидæртæ цыдæр гæххæттытæ фыссын байдыдтой, суанг Цæдисмæ дæр. Иннæмæ ныр цалдæр хатты фæсидтысты уыдон тыххæй. Ради
(ш^^^1т-^ Плиты Грис Аллаха, примите меры — пусть товарищи не копаются в ста- ром окаменевшем дерьме: ни к чему сейчас. Дела идут хорошо, творческая атмосфера нормальная. Пора прекратить занимать- ся мщением. Объясни это всем. Обратите внимание на качество публикуемых в журнале сти- хов молодых поэтов. Не происходит ли у вас чрезмерное увле- чение публикацией всех стихотворений, которые пишутся? Мо- жет быть, есть смысл давать меньше да лучше? Скажи Елиозу и Георгию, пусть новые книги и журнал высылают по экземп- ляру Васо Абаеву. Он жалуется, — нет у него новинок. Ну, а как семья, друзья, товарищи? Приветы и добрые по- желания всем поименно: Геору, Георгию, Нафиджан, Васе, Наде, Фатиме, Инне, Сослану, Бестаеву, Васо, Илье — всем! Мæхицæн ницы у, цæрын, хаттæй-хатт ахуыр дæр кæнын, чиныгмæ багудзи кæнын. Фæлмæцын моладзаны цардæй. Рацу-ма! Дзæбæхæй дыл цы фембæлон, уыцы амонд мæ уæд! Дæу дæр уæд, дзæбæхæй мыл цы фембæлай, уыцы амонд. Дæхи Грис Йæ ныффыссыны рæстæг бæрæг нæу, æвæццæгæн, 1958 аз Дорогой Федор, здравствуй! Володя передал мне твою драму «Бæсты фарн» для озна- комления и передачи тебе моих замечаний. С радостью прочитал драму за одни сутки и на полях сделал ряд замечаний черным карандашом. Их легко стереть после ознакомления с ними. Материал драмы, разбивка на акты, построение и развитие сюжета, разработка характеров, — то, что составляет стержень драмы, — все это меня устраивает, радует, сулит театру инте- ресную творческую работу. Стих — ямбический пятистопник — удачен для передачи задуманных идей, мыслей, характеров и ситуаций. Язык твой, как всегда, соответствует мыслям и идее произведения. Он выразителен, поэтичен и, главное, легко будет играться в произнесении актерами. Для чтения драма закончена, но для постановки в ней имеются некоторые недостатки, на мой взгляд, на которые мне хотелось бы обратить твое внимание. Прежде всего она для постановки великовата (3279 строк!) — на шесть часов игры! — это многовато. И растянутость выз- вана длиннотами в монологах, повторениями отдельных мыс- лей и положений, затянутостью экспозиции. Думаю, что не-
ФЫСТÆДЖЫТÆ ^г^^^з); правильно и указание на то, что действие происходит в XIX веке. Сам материал драмы говорит о более раннем периоде истории осетин, а именно о конце XVI и начале XVII века. В драме много элементов из племенно-родовой жизни осетинс- кого общества, которые в феодальную эпоху решающей роли уже не играли. Мыггаджы интерестыл архайын ма суанг ныр дæр стыр бынат ахсы Иры царды, уый зонын, фæлæ уæд (XIX æнусы) кълассон интерестæ фæуæлахиз сты... (...) Хочу перейти к более важным замечаниям. Думаю, начало надо дать яснее: цæй тыххæй кувынц хистæртæ? Большой монолог (кувæн ныхæстæ) пока не стал вступлением в драму, ничего не говорит зрителю о будущих событиях, не вводит его в курс идеи и содержания произведе- ния. А строка «Куы нæм æддагон карз ызнаг лæбуры» вовсе не обыгрывается в драме, а ведь в ней не только строки, — ни единого слова лишнего, не имеющего конкретного действенно- го содержания, не должно быть. Вся сцена Уардис — Джетæ в первом акте не в духе времени (XIX в.) Надо опричинить: откуда у Уардис такая смелость, самостоятельность, чтобы встречаться наедине со своим воз- любленным и слушать его страстные монологи о любви?.. Ина- че главная героиня драмы будет непонятна, у нее будут неубе- дительные поступки и речи. Думаю, не совсем ровна и линия поведения героя-Джетæ. Действующие лица его характеризуют как сильного, волевого, мужественного юношу, а он часто ведет себя как меланхолик, — безвольный, слабый, нерешительный человек.(...) В смысле композиции, мне показалось, что лучше было бы драму дать как результат случившегося факта, т. е. в начале драмы кто-то из действующих лиц сообщает другим о том, что случилось когда-то... Перед зрителями же разыгрывается след- ствие этого факта. Тогда бы драма сократилась на 18 страниц, т. е. куывд, игры детей, любовная сцена Уардис — Джетæ... О стихе я уже сказал. В нем один недостаток: по всей драме фраза тянется до конца строки, нет ломных строк, обрывистых стихов, драма же требует действенной речи, обрывистой и ди- намичной. Ровные, законченные строки создают чуждую для драмы монотонность, почву для появления лишних слов, нуж- ных единственно для заполнения стихотворной строки. И еще — не чередуешь мужские и женские окончания, скопление жен- 8 Мах луг № 10, 2003
©^^ Плиты Гряс„, ских окончаний создает однообразие в музыке стиха и моно- тонность в речи артиста. (...) Мне показалось, что первая картина второго акта уж очень про никнута духом кровомщения, кровожадности, и это создает мрач- ность и дикость в характерах людей. А театр требует, чтобы пред- ставление на сцене было светлым праздником благородных чувств победной песней добрых, нравственно возвышенных целей. Я про тив показа и высмеивания диких, характерных для той эпохи люд- ских качеств. Я за то, чтобы во всем этом соблюдать чувство меры. И тебе кое-что надо смягчить, умерить, ибо в искусстве намек действует на человеческую душу сильнее открытых ударов. И еще одно замечание: надо усилить линию взаимоотноше- ний Уардис — Джетæ, уделив ей больше места. (...) Надо дать больше любовных встреч Уардис — Джетæ, обогатить чувства- ми эту линию, показать ее в действии, а не словами. Мои замечания могут пригодиться только для работы над текстом при постановке на сцене. Для чтения никаких длиннот в ней нет, следует лишь выправить линию поведения Джетæ и оправдать смелые действия Уардис. А в остальном поздравляю тебя с этим новым и удачным произведением. На полях драмы отмечал замечания о кажу- щихся недостатках, ничего не писал об удачных местах. Не писал по понятной причине: тебе ведь не славословия и похва- лы нужны, а мои мысли и замечания. Получил книжку стихов на русском языке от Хадзымурата Дзуццаты. Стихи почти все известны мне на осетинском языке. Перевод меня порадовал. Молодец Хадзы! Что-нибудь надо бы сделать с Бестауты Георгием, чтобы продвинуть дело по изданию его книги стихов на русском язы- ке в Москве. Такой большой талантливый поэт, и вдруг его стихов нет на русском языке! Это очень нехорошо! Нафи обещал приехать в Орджоникидзе из Ленинграда, а сам махнул в Сталинир, минуя Орджоникидзе. Нехорошо! Дæ дзæбæхтæ мæм хъуысæнт! Дæхи Гр. Плиты 07.04.64 аз , Федыр, дæ бон хорз! Ацы сахатыл æрбахызтæн хæдзармæ, стъолыл æрбаййæфтон дæ фыст æмæ йæ акастæн. Дзæбæх кæй ныххæццæ дæ, дæхимæ зилын, де ’нæниздзинад æндидзын кæй байдыдтай, — æхсызгон мын у. (...)
ФЫСТÆДЖЫТÆ у<^^^Ь Сайгæ дæ барæй нæ фæкодтон ацæуыны тыххæй. Не ’фсин бирæ хæттыты театримæ хъæуты вæййы, суанг æрдæгæхсæвтæм, Лео та бон изæрмæ — йæ куысты. Горæты хулигантæ бирæ ис, мæ чызджы иунæгæй куыд ныууадзон?.. Уый — иу аххос. Иннæ: мæ хæрæфырт ацы мæйы 21-æмы ус хæссы, куынæ сæм фæкæсон, — мыггагмæ хъæстаг фæуыдзынæн. Æмæ ноджы: Лео аспирантурæмæ цæуинаг у æмæ йæм фæкæсын хъæуы... Стæй ма: уалдзæг у, ахсæн риссыны рæстæг..., ахæм рæстæджы мын хос дæр ницыуал æххуыс вæййы... Гъе, уыдон тыххæй бафæстиат дæн... Æндæр æхцайыл не стыхстаин (...). Тыхст уæвгæйæ дæм мæхæдæг дæр бауæндыдаин, дæ ныфс мын бирæ, бузныг! Дæ зæрдæ дын кæмæй бадзæбæх кæнон, ахæм хабарæй ам ницы ис. Арæх уары къæвдатæ, æндæрæбон та — ставд их, ныр 4-æм хатт. Къора æмæ Сындзыхъæуы скъоладзауты бригадæ быдыры уыдис, æхсæвы сыл колхозы станмæ дон ракалдис (7- 8-9 кълæсты сабитæ) æмæ дзы 43 сывæллоны бабын сты... (...) Цæй, æнкъард кæнай, уый тыххæй дæм нæ фыссын ацы ха- бар. Иутæ сæфынц, иннæтæ та ног фæзынынц, — афтæ уыд, у æмæ уыдзæн. Дæ зæрдæмæ сæ ма хæсс. Мæнæ мæм дзурынц: Цабайты Васо, дам, æрбацыди, цæхæраджынтæ райстам пецæй æмæ рацу, кæд исты æууилыс! Æтт, ныр ам куы фестис, фæйнæ арахъхъы баназиккам, истытæ мын дзурис, науæд та Васойы кæнгæ дæндæгты хъыррыстмæ чи хъусдзæни!.. Хадзымурат мын мæ чиныгыл («Жизнь и смерть») «Соц. Осетия»-йы цыдæртæ ныффыста, цармæ мæ систа æмæ та æмризæджы ризын: æндæр исчи та мæ куы раппара уыцы бæрзондæй æмæ мæ зæронд стджытæ дуртыл (æвзæр зæрдæты дуртыл!) куы фæриссой!.. Ну, будь здоров, не унывай, держи хвост морковкой! Твой Гр. Плион 15.06.64 аз Федыр, дæ бон хорз! Ацы сахат дын каст фæдæн дæ писмо, æмæ дæм фыссын цыбырæй, цæмæй, уый кæсгæйæ, автобусмæ кæнæ фæстаг сви- данимæ ма байрæджы кæнай. (...) «Нинæйы» (Нинæ нæ хуыйны, Раисæ!) ныхæстæм дæр хъу-
ГШ^^^чс’г- Плиты Грис сыс, уæлдайдæр Иваны æвзагæй кæй кодта, уыдонмæ... Чиаева мнение о тебе хорошо известно мне. Он о тебе очень высокого мнения. Поверь мне, я ведь тебя не могу обманывать. Един- ственная беда его — видимо, мало читает по-осетински, как почти все партийные руководители, поэтому у него не всегда бывает отправных начал. А это наша, пишущих, вина: ... о луч- ших людях, значительных явлениях литературы и искусства всегда надо руководителей держать в курсе, т.к. от их мнения многое зависит в дальнейшей судьбе литератора, художника. Специфика нашего общественного строя такова, что если о тебе, как писателе, будет создано превратное мнение, ты задохнешь- ся, сгинешь с любым талантом. А дело создания общественно- го мнения... — в руках человека, занимающего пост. Гъе, фæлæ- иу, мæ хæлар, дæ даргъ бæрзæй æркъул кæн йæ разы, цыфæн- ды хицау куы уа, уæддæр. Æз иу хатт иу секретарæн (уырыс- саг, Севастьянов, обкомы уыд) загътон: «Народ меня знал и любил до вас, знает и любит при вас, будет знать и любить после вас!» Æмæ цы? Бавдæлис, куыйты æрдонг мыл сардыд- та, сдзырддаг мæ кодта æмбырдты æмæ мыхуыры, мæ чингуы- тæй мын дыууæ (æфсæддон стихтæ) систой (изъяли), мæхи мын рахуыдтой буржуазон националист!.. Ха-ха! Æз — бур- жуазон националист!.. Худыс? Æз дæр ыл худтæн æрæджиау! Фæлæ мæ уый размæ та бирæ æрдиаг æмæ хъизæмар кæнын бахъуыд, мæ сывæллæттæн маамæлайы къæбæр ссарыныл. Афтæтæ, мæ хур. Æниу мæ ныхæстæ Чиайы-фыртмæ ницы хуызы æххæссынц. Думаю, что из руководителей Осетии пока он один заслуживает этого звания. Йæ цæрæнбон бирæ! Абон нын уæдæ Бесæ дæр амарди, Тотраты. Старейший ар- тист, один из зачинателей осетинского театра, на 82 году жиз- ни. Рухсаг уæд! Райсом æй æвæрæм. Хадо, дам, Чъребайы ис, нуаза, дам, къокъайæ, фынæйæ æууилы, цодри галау. Не ’фсин Садонмæ ацыди къуырийы æмгъуыдмæ театримæ, æмæ сывæллæттæн хæринаг кæнынмæ тындзын, æндæра ма дæм истытæ афыссин. Цæгæры-фырт Максим æмæ Хъайтухъов та адымдтой Мæскуымæ, сæ чингуытæ «продвигать» кæнынмæ. Æндæр ногæй ницы фехъуыстон... О, хæдæгай! Исахъы зарæгæй иу стих «Кæнæ — сæрибар, кæнæ — мæлæт», æвæццæгæн, санаторимæ куы фæцæуыс, уæд дæхинымæры фæзарыс. Ацы хатт æй æз дæр хъуамæ афæлва-
ФЫСТÆДЖЫТÆ ^ ^^Й?> рон: .кæд мæ хъуыддаг дæр фæрæвдз уаид. Æрмæст мын хъу- амæ бацамонай, куыд заргæ у? — «Æфсинæй — сæрибар, кæнæ — мæлæт»? Комкоммæ йæхимæ кæсгæйæ зарын хъæуы, сыдз- мыдзы цæугæйæ æви?.. Цæй, фенынмæ! Дæхи рукъаг Грис Плион 26.06.64 аз Федыр, дæ бонтæ хорз уой! Райстон дын дæ дыккаг фыстæг дæр. Ацы сахат Цъæйæ æрхæццæ стæм, æз, Нафи, Хадзы-Мурат æмæ Барахъты сиахс Бериты Мурат. Уый нæ аласта. Хорз балц уыди. Хъæды дис- саджы физонджытæ фæкодтам. Дæу æмæ Хасæхъойы фырты цæрæнбонты тыххæй заргæ дæр æмæ нуазгæ дæр бакодтам. Фæсайдта нæ Дзугайы-фырт, æваст фæраст ис, уынгæ дæр æй нал фæкодтон. Бафæстиат дæн, æвæццæгæн, ацы дыууæ мæйы нал ацæу- дзынæн уырдæм, уый фæстæ мын, æвæццæгæн, бантысдзæн. Нæ чызг мæллæг хæссы мæйæ фылдæр, базилын æм хъæуы ам нæхимæ, августы та йæ искæдæм арвитинаг стæм. Гиуæргийæ мæ фарстай, Джиоты Порайы фыртæй, æмæ мах суанг 1932 азæй йæ байсæфтмæ æфсымæртæй куы цардыстæм, иу хæдзары (Маркусы уынджы). Сæдæ хатты нæм куы уыдис, иумæ бирæ куы фæзарыдыстæм, иу сыкъайæ иумæ куы нуæз- там. Он окончил в 1934 году вокальное отделение при ГИТИС- е (в Москве), некоторое время работал в Большом театре, по- том более 7 лет пел в оперном театре города Куйбышева. В 1939 году на юбилее 80-летия Коста пел в Дзауджикау песни на тексты Коста. Потряс своим пением Погодина, Фадеева (всех гостей). Получил в печати восторженные отзывы. Человек ог- ромной культуры, высокого интеллекта, большой внутренней организованности, обаятельнейший артист, он не только на сце- не, а и, главное, в жизни был человеком с большой буквы. Высокого роста, широкоплечий, с могучей грудью, орлиным взглядом, огромными черными очами, он имел мягкую поход- ку, столь же мягкую улыбку. Ах, цы лæг уыди, цы!.. В тягостный 1941 год из Куйбышевского театра оперы ушел в ополченческую дивизию и в подмосковных боях против пол- чищ Гудериана сложил свою голову. У меня где-то имеются его фотографии. Если тебе они очень нужны, я поищу и найду их, вышлю.
/П^- -=4^ Плиты Грис Йæ фыд уыди сауджын, Калачы цензор, фæстæдæр ахуыр- гæнæг. Джиоты Порайы фырт Гиуæрги. 0 нем хорошо знает и может написать Маргиев Георгий, педагог в театральном ин- ституте в Тбилиси. Хорошо его знал и Геор Цаголов (Москва). Дæхæдæг та цы хуызæттæ дæ, куыдтæ сты дæ бинонтæ? Уæ дзæбæхтæ мæм хъуысæнт! Дæхи Грис Плион 11.04.65 аз Дæ гæххæттытæ дын райсом ратдзынæн Къуыдайраг На- фимæ. Фидар лæуу! Рынчын æмæ лæмæгъ ма кæн! Дæхи Грис Дæ бон хорз, Федыр, æмæ дæ Ног азы хорзæх уа! Фæхабар мæм чындæуыд, фæдзæбæх дæ, зæгъгæ, æмæ фæцинтæ кодтон. Дæ хорзæхæй, цы рынчынтæ кæныс, дæхи фæхъочах кæн æмæ дæ низтæ абырс, мæнæ мæнау. Уыцы Къуы- дайраг мæ аласта Хъырыммæ, цыма рынчын никæд уыдтæн, афтæ мæ скодтой. Бафæзм мæ ды дæр. Мæ цæст уарзы дæуæн, дæ бинонтæн, уе ’гасæн дæр рухс амонд, фæрныг, цæлæнцой цард æмæ уæхи фæндиаг æнтыстытæ куысты. Саламтимæ! Гр. Плиты 28.12.1965 аз Федыр! Знон дын ныфс бавæрдтон раздæхынæй Калакæй. Бахатыр кæн, фæсайдтон дæ... Æз куы раздæхин мæ пьесæ бакæсынмæ æмæ йæ равзарынмæ, уæд мын, цыфæнды дзы куы раппæлик- кат æмæ йæ цыфæнды хаст куы бакæнид театр йæ декадæйы репертуармæ, уæддæр мын уым маст æмæ фæсмонæй уæлдай æхсызгонæй ницы уаид. Репертуар фидаргонд æрцыди обкомы сæрмагонд уынаффæйæ, æмæ ныр мæ пьесæ куы бахæссиккой, уæд хъуамæ искæй пьесæ рахауа репертуарæй. Æмæ мæм йæ автор нæ фæхæрам уыдзæн?.. Нæ, Федыр, æгæр фæзæронд дæн ахæм хæрæмттæ уромынæн. Цæуылнæ рацыдаид хуыцаубоны? Ма фæрынчын уæд? Уæ дзæбæхтæм бæллæг Гр. Плиты 10.03.69 аз Федыр, Ног аз дын бирæ хæрзтæ æрхæсса! Æтæссад дæ уа, фæрнæйдзаг уай! Базæронд дæн, куы дæ нал уынын, уæдæй нырмæ. Фæхъа- вын, искуы ма, уæд та иунæг хатт, мæ зæронд стджытæ куы ахæссин хохы сæрты, — дæхæдæг а Цæгаты бæстыл дæ къух
ФЫСТÆДЖЫТÆ ^^г^^Тэ) систай, фæлæ ма дæ уым, Хуссары, уæд та куы фенин. Нæй, мæ ныфс нал хæссын, фæндагыл, зæгъын, куы ныххæррæгъ уон, хæссинаг куы фæуон!.. А Къуыдайраг ма цалдæр мæйы размæ уыдис ам, хъаст мын кодта дæуæй, уый дæр, дам, йæхи æруагъта, худинаг, дам, уын нæу?!. Æмæ мæм йæ уайдзæфтæй иуæй-иутæ раст фæкастысты. Канд фыссынмæ нæ, суанг фыстæг афыссынмæ дæр мыл цавæрдæр æнæхайыры зивæг бафтыди. Цы чысыл папитæ фæкодтон, уыдон дæр мын, зæгъын, дзырд- даг куы скодтой чъизиуд адæм, — цы ма мæ уд хæрон æбузн, æдзæстуарзонты тыххæй?.. Хаттæй-хатт ахæм æнтъыснæджы дзæмбыты бафтын, — мæ къух мæхимæ райсыныл свæййын. Фæлæ, райгæ чи кæндзæн, уыдоныл куы ахъуыды кæнын, уæд та мæхи баиргъæвын, мæхи ныффидар кæнын. Бавдæл ма, уæйыг, — дæ уавæр ахæм куынæ у, — дæхи ныхъхъæбæр кæн, дæ зæрдæмæ кæсыныл ма фæу. Мæнæ сæрд ралæудзæн, иу дарддзæст æгуыст зæронд лæг ссардзыстæм, хондзæн нæ уынгмæ, амондзæн нын фæндаг, мах та йæ дыу- уæйæ немæ фынгыл бадын уадздзыстæм. Æндæр нæ цы хъæуы?.. Хорз уыд, æвзæр уыд, — нæ куысты хай бакодтам цæстуарзонæй, нæхиуыл никуы ауæрстам лæгдзинад æвдисæн бон, фæсмойнаг нын ницы ис. Уæдæ фидар лæуу, хъочах у, дзыллæйы хæрзтæ дын аргъ кæнынц кад æмæ намысимæ. Ноджы дæр дæ сæ хорзæх уæд! Саламтæ Надяйæн, дæ уæйыг Виленæн! Адджын хъæбыстæ фæкæн мæ номæй нæ хæлæрттæн се- гасæн дæр. Фенынмæ. Дæхи Грис 27.12.71 аз Федыр, дзæбæх уай æмæ дын дæ хæрзтæ хъусон! Цас рæстæг рацыди, хабар дæ куы нæуал хъусын, уæдæй! Æви искуы арсы лæгæт ссардтай æмæ сусæгæй истытæ ку- сыс?.. Æхсæвыгæтты дæм цалдæр хатты телефонæй адзурынмæ хъавыдтæн, фæлæ дæ телефон дæр нал исыс... Фарон фæззæджы, Къуыдайраг ма ам куы уыдис, уæд мын дзырд- та, Федыр чысыл хъæрзгæ хæссы, зæгъгæ. Уый фæстæ мæм ардæм дæр дзырдта телефонæй, куырдта мæ, рацу ардæм иу-дыууæ боны, Федыримæ иумæ абадæм, азарæм, кæрæдзийыл ацинтæ кæнæм, фæлæ мæ сæрæн не сдæн ацæуынмæ ме ’дзæллагдзинады тыххæй, — зивæг кæнын байдыдтон, зæгъын, искуы хæхтыл куы ныххæррæгъ уон, уырдæм дæр куы нæуал ныххæццæ уон...
■Ц2(^^ ___ Цыдæр хабæрттæ хъусын, æвзæргæнджытæ дæ хъыгдарынц, зæгъгæ. Ам мын лæппутæ ссардтой дæ фыстæг цъыфхор Терюкмæ уырыссаг æвзагыл йæхи тæлмацæй. Бакастæн æй хъыгзæрдæйæ. Уайтагъд базыдтон, куыд æмæ цы хуызы хъуамæ ныффыстаис уыцы фыстæг, уый. Цалдæр хатты мæнмæ дæр фыста уыцы про- вокатор, фæлæ... йæ куыдзы хъуыды дæр никуы ’ркодтон. Хъу- амæ ма ныффыстаис уымæ, уæлдайдæр ахæм фыстæг.(...) Абон уынджы амбæлдтæн Хъайтухъовыл æмæ мын дæ хабæрттæ кодта, — Федыры къуыммæ бахастой, зæгъгæ, за пропаганду национализма. Уыцы цъыфхор, дам, дæ писмо сбирæ кодта машинкæйыл æмæ йæ байуæрста... (...) Хъыг мын сты ацы хабæрттæ сегас дæр, фæлæ ныр уый тыххæй хъуамæ дæ зæрдæмæ ныккæсай, мæт æмæ хъынцъы- мы бацæуай, дæ сæр хъуамæ æруадзай?.. Æтт, нæртон уæйыг, æмæ уæд нæ бирæ æвзæр фыдгулты циныл куы бафтаудзынæ, ды сæ ницæйы тыхджындæр, ныфсджындæр куы фæкæндзынæ!.. Уыдонæн сæ хъавд афтæ у: æрцахсынмæ хъавынц канд дæ бынат нæ, фæлæ Бестауы-фырты бынат дæр æмæ секретары бынат дæр редакцийы. Уый у сæ нысан. За личную переписку тебя наказывать никто не будет, нет таких законов. Наоборот, за разглашение личной переписки могут нака- зать самого подлого Терюка. Так обстоит дело. Но впредь надо быть в отношении этих проходимцев бдительным и осторожным. Не надо с ними делиться мыслями, ибо они этого не достойны. Æмæ ма ноджы иу: фидар лæуу! Уæууа, мæныл æгас Фыс- джыты цæдисы разамынд куы рауырдыг, æгас обком мæ ныхмæ куы хæцыдысты. Газет «Правдæ»-йы дæр ма мыл куы сардыд- той, судмæ мæ куы радтой, фæлæ дзы цы рауад?.. Фæхудинаг сты сегас дæр! Афтæмæй æз та дæуæй мин хатты лæмæгъдæр, æгуыдзæгдæр дæн. Къуыдайраг Нафи ацы мæйы 18-æмы ацырдæм рацæуинаг у, бирæ дзæбæх хабæрттæ йын рарвит. Саламтæ Надяйæн, Виленæн, нæ хæлæрттæн. Уæ дзæбæхтæм бæллæг — Грис Плион 13.03.72 аз Салам хуссайраг уæйыг Федырæн цæгаттаг уæйыг Грисæй! Цал æмæ цал азы дæ нæ уынын, цас рæстæджы дын нæ хъусын дæ фæлмæн сыгъзæрин хъæлæс — базæронд дæн! — хъуыды дæр сæ нал кæнын... Цы хуызæттæ дæ, куыдтæ цæрыс, цы митæ кæныс, æппын ацырдæм куыд нал зыныс, æви Цæга- тыл дæ къух систай?..
ФЫСТÆДЖЫТÆ ^/^Й\); Дæ фыдæбæттæ, дæ хъизæмæрттæ, дæ рынчыны хабар, — иууылдæр сæ зонын кæрæй-кæронмæ. Æгайт-ма бафæрæзтай, фæфидар дæ, фæсæрæн! Нафи цæуы æмæ йæм дыууæ ныхасы авæрон дæумæ, хус- сармæ тæхæг халоны къахыл чысыл хæцъилы гæбаз куы абæт- тай, уыйау. Ам кæй зоныс, чи дæ уарзы — сегас дæр сты сæрæгас: уæ дзæбæхтæ кæрæдзимæ хъусын кæнут, æз дæр уæ хæрзтæй æфсæст куыд уон, афтæмæй. Ног хабарæй нæм ницы ис, би- нонтæ — сæрæгас, Хуыцауы фæрцы. Мæхæдæг бадын, мæхи хъочах кæнын, худгæ кæсын мæ кæстæртæм. Æрæджы нæм Хаджийы-фырт уыдис — Коко! — рæстмæ йæ уынгæ дæр нæ фæкодтон, афтæмæй афардæг ис, æвæццæгæн, афтид хæдзары йæ зæрдæ ницæмæй барухс ис... Бауынаффæ кодтам, кæд та сæ фæнд нæ аивой, уæд — сен- тябры райдианы Хуссар æмæ Цæгаты фысджытæ фембæлæм æмæ истæуылты баныхас кæнæм. Нæхи бандидзæм æмæ хъу- амæ рацæуай, стæй та уырдæм ацæудзыстæм, дыгай-æртыгай бонты уым дæр æмæ ам дæр. Ныхасы бындурæн, æвæццæгæн, æрæвæрдзыстæм сымах уагъд антологитæ прозæ æмæ поэзи- йыл дзурынæн. Къуыдайраг Нафи та нын уымæй уæлдай нæ литературæйы сæйрагдæр проблемæтыл æрныхас кæндзæн. Мæрзойы-фырт ныфс æвæры, уыцы фæндон ивд кæй нал æрцæудзæн, уымæй. Æндæр мæм ницы хабар ис, цы лыстæг цыдæртæ ма дзы ис, уыдон та дын радзурдзæн Нафи. Дæ дзæбæхтæ мæм хъуысæнт. Саламтæ бинонтæн, нæ хæлæрттæн, нæ зонгæтæн. Дæхи рукъаг Гр. Плиты 18.08.72 аз Федыр, дæ бонтæ хорз уой æмæ æнæниз уай! Раджы дын райстон дæ фыст. Цал æмæ цал хатты райдыд- тон фыссын, дзуапп — нæй, мæ бон-иу нæ баци йæ фæуын. Фæлæ мын æй ацы хатт æнæ фæугæ нæй. Æхсызгон дыл æрцæуæд, æгайтма хуыздæр уынын байдыд- тай, де ’нæниз фæфидардæр ис, куыд фыссыс æмæ нæ хæ- лæрттæ куыд хабар кæнынц, афтæмæй. Романыл кусыс хæсты заманы цардæй, уый дæр базыдтон, рæстмæ дын фæуæд, бан- тысæд дын! Дыууæ томы дын уыдзæн, æртæ æви фылдæр — (ам фыст нал зыны, — Н. Дж.) уадзинаг сты. Хицæутты ныхмæ уæлдай
Плиты Грис мацы сдзур, æз æмæ ды ницыуал, тохæн нал стæм, цы ма нын рауадзой, цалынмæ удæгас стæм, уæдмæ, — разы йыл хъæуы. Нæ фæстæ махыл мæтгæнæг хъæбатыртæ арæх нал уыдзысты. Хъыгагæн, ахæм заман у, алчи йæхи уды мæт кæны, иннæмæ йæ нал æвдæлы. Бынæттон хицæуттæ та литературæ æмæ аивады мæтæй сæхи иуварс ласынц. Уæдæ ратт дæ ног фыстытæ, цы дзы уадзой, уый рауадзæнт. А дыууæ боны мæ дыккаг чиныг рацæудзæн, ис дзы æртæ пьесæйы — «Чермен», «Æууæнк» æмæ «Хæррæгъ» («Кæ- уыл худут?»). Куыддæр рацæуа, — арвитдзынæн. Æвзæрст уац- мыстыл ныффыстой «II том», фыццагыл та фыссын дæр нæ бауагътой. Тæнæг, чысыл цæмæн рауад, — фæрсыс, æмæ æгъгъæл дæн сæ Цагаралоев Главлиты кусы, нæ сæ рауагъта, — знаггады идеологи, дам, хæссынц. Зынаргъдæр мын чи уыд, зæрдæйы тугæй кæй фыстон, уыдон акалдтой. Иуæй-иутæн мæм сæ къухфыстытæ, сæ къопиты экземпляртæ дæр нал баз- задысты. Дымды фæуæнт, уыдон куынæ уой, — зæхх нæ рафæлдæхдзæн. Драмæ «Сослан» рауадзын (дарддæр фыст нæ зыны — Н. Дж.) дæр нæ уадзынц. Мæгуыр паддзах, 800 азы йæ нæ сыхаг паддзæхтæ фæныгæдтой, ныр æй куы раудæгас кодтам, уæд фæстæмæ ныгæд æрцыд. Йæ ныгæнджытæм сабырæй æргуы- быр кодтон. Загътон: цæй мæгуыр, цæй лыскъзæрдæ, цæй тæригъæддаг стут, нæ фыдæлтæ!.. Чи æмæ цы уыдыстут, ууыл ахъуыдыхъом чи нæу, йæ мастисæн бæллицæй уæлдай иунæг рæсугъд хъуыды кæй сæры æмæ зæрдæйы нæй — кæуинаг куы стут!.. Сыбыртт дæр сæ никуы ничи скодта. Æвæццæгæн, ахъуы- ды кодтой: дзур, цы дæ фæнды, уый, мах та бакæндзыстæм, цы нæ фæнды, уый. Мартъийы афæдз сæххæст уыдзæн, ам Реданты куы цæрын, уæдæй. Дыууæ-æртæ æмдзæвгæйы ныффыстон, æндæр писмо ныффыссынмæ дæр зивæг кæнын байдыдтон. Мæ зæрдæ амар- ди, бафтыди мыл зивæг. Ме ’рдæгфыст уацмыстæ фæуынмæ дæр нал райы зæрдæ. Поддерживается и поощряется одно шу- товство, демагогическая болтовня и крикливость, фиглярство и обезьянничанье. Лæппудæр ма куы уыдтæн, хъаруджындæр, уæд мæ куы æрæййæфтаид ацы æнамонд рæстæг, — Дон Къи- хотау уæддæр рахæцыдаин йемæ, кæд æй бырсгæ нæ акодтаин, уæддæр, фæлæ ныр, — æдых зæрондæй мæ ныфс нал хæссын. Æмæ уыцы депресси равзæрдис æрмæст, бынæттон æдзæллаг
ФЫСТÆДЖЫТÆ ,у^^2з!) олухтæ цы уавæр аразынц сæ удæнцойæн, уый руаджы. Уæвгæ, æнæнцой фæуæнт! — æгæр сыл дзурын, сæ койы аккаг дæр не сты. Уæлдай дис фæкодтон, сымахмæ цы хицау уыдис, уый фæдæлзæххыл. Цалдæр писмойы йæм арвыстон уымы хабæрттæм лæмбынæг æркæсыны тыххæй, — хъуыды дæр сæ не ’ркодта! Кæй сæ тæрынц, уый бæргæ хорз у, фæлæ алы ран — нæ, æмæ уый бæллæх у. Абон газет райстон амы облæстон конференцийы тыххæй æмæ, хъыгагæн, иууылдæр баззадысты сæ бынæтты. Дыууæ-æртæ азы та сæ фыдгæндтæ кæндзысты. Уæдмæ чи цæры, уыдоны рахауд ма йæ цæстæй чи фендзæн, ахæм амондджын кæм ис!.. Ам рæстæг уалдзæджырдæм фæкъул ис, хъарм бонтæ кæнын байдыдта. Цъиутæ ратæхынц, рудзынджы раз æнхъæлмæ кæсынц, дзулы къæбæртæ сын акалын æмæ сыл кæрæдзи то- нынц. Кæд ма сæрдмæ ахæссон, уæд ма иу хатт ацæуинаг дæн Хуссармæ, мæ райгуырæн уæзæг ма иу хатт фенынмæ, хæрзбон ын зæгъынмæ. Ногæй ницы хабар ис нæдæр æхсæны царды, нæдæр литера- турæйы. Нæ бинонтæ, нæ хæстæджытæ, кæй зоныс, — иууылдæр сæрæгас. Уæ дзæбæхтæ уæ кæрæдзимæ хъуысæнт. Саламтæ нæ хæлæрттæн сегасæн дæр! Уæ фенынмæ бæллæг Плиты Грис 21.02.74 аз Истытæ ма афыстаин, фæлæ мæ бæрзæй къæдзæй бандзыг ис. Тæрсын, писмо куы аргъæвон æндæр хатмæ, æмæ йæ фæцы- быр кодтон. Иннæ хатт ыл бафтаудзынæн хуыздæр, фылдæр хабæрттæ. Надя æмæ Виленæн — арфæтæ! Гр. Плиты Тедо, дæ бонтæ хорз! Знон худæгæй къæцæлтæ кодтон иу æмбисонды хабарыл: райстон дæ фыстæг, 24-æм апрелы мæм кæй ныффыстай, майы бæрæгбоны арфæтæ мын кæм æрвыстай, уый. Ноджы Булкъа- ты Михал дæр мæ цуры уыди, пост куы ’рбахастой, уæд... Цæй, афтæ дæр фæвæййы... Фæлæ Тотырбегимæ уым уыдыстæм, Дзаумæ бацыдыстæм, нæртон бæрæгбон скодтой Дзаттийы-фыртæн, фæсивæд рæсугъд равдыстой сæхи, интел- лигенци æрæмбырд сты, фæцин ныл кодтой, куыд æнхъæл нæ уыдыстæм, афтæ. Бауадыстæм æппæты фыццаг дæумæ, фæлæ хæдзары никæй баййæфтам...
(Ш?^^^ Плиты Грис Уым диссагæй ницы ис, диссаг æндæр хъуыддаг у: ауылты рацыдтæ Кисловодскмæ, фæстæмæ дæр ауылты аздæхтæ, — куыд нæ никæй абæрæг кодтай, телефонæй уæд та куыд никæмæ фæдзырдтай, — дисыл бафтыдыстæм стырæй-чысылæй... «Фидиуæджы» дæ уацау «Арсдзармдарæг» бакастæн, æхсызгон мын уыдис, цымыдисон уацмыс кæй сфæлдыстай, уый, стæй цымыдисон канд сывæллæттæн нæ, — ацæргæ чи- ныгкæсджытæн дæр. Ноджы дæр дын æнтысæд! Дæ фыстæджы кодтай мæ пьесæйы кой. Раджы йæ фæдæн, фæлæ дзы, кæй баныгæдтой, ахæм адæймæгтæ сты сæйраг ар- хайджытæ (Байаты Гаппо, Цæлыккаты Ахмæт, Хабæты Бетъа, Бичерахты Георги) æмæ та, куынæ йæ рауадзой, ууыл тыхсгæйæ, пьесæ ног æмæ ногæй рацараз-бацараз кæнын. Ныр фæци, рамыхуыр æй кæнын кодтон машинкæйыл, фæлæ йæ театрæн нæма бакастæн. А къуыри фæуыдзынæн оперæйы те- атрæн опереттæйы либретто, кæд сæ зæрдæмæ фæцæуа, уæд. Уый дæр бакæсдзынæн театрæн июлы мæйы. Ам ис Нафи, ам сты Тотырбег, Куыдзæг. Алы бон нæм цæ- уынц адæм, кусын нын ницы ’нтысы, — адæмимæ бон изæрмæ ныхас кæнæм. Арахъхъ схæссынц, баназæм æмæ расыгæй (нозтхъæлдзæгæй) нæхинымæры, хаттæй-хатт хъæрæй дæр, цыдæр зарджытæ фæкæнæм. Уый та дын нæ цард. Æнкъард ницы кæнæм, фæлæ перспективæ ирд кæй нæ кæны, уый адыл хаттæй-хатт сагъæсты бацæуæм: иу цавæрдæр смаггæнаг лыскъ не рагъæй аппарын нæ бон кæй нæу, уый тыххæй. Нæ бон та уымæн нæу, æмæ иуæй-иу «бæрнон» лæгтæ уыцы лыскъæн сæхицæй æххуысгæнæг сыстытæ кæй скодтой, — лыскъыл та сыстытæ куы фæаудынц, уæд зын у йæ асыгъдæг кæнын. Литературæйы нæм ногæй ницы ис зæрдæ барухс кæнынæн. Кæй бафæрсай — сегас дæр сты сæрæгас, æнæниз. Уæ кæрæдзимæ уæ дзæбæхтæ хъуысæнт! Зæрдиаг саламтимæ дæхи Грис 08.07.74 аз Федыр, дæ бонтæ хорз уой! Сæдæ азы дæ нал федтон, фысгæ дæр дæм рагæй нал кодтон. Тынг,дæ мысын, бæллын дæ фенынмæ, тынгдæр та де ’нæнизы хабæрттæм. Уырдыгæй ардæм чи рафты, бæргæ сæ афæрсын, фæлæ, адæймаг йæхи цæстæй цы фена, уымæн та æмбал кæм ис! Фæцар- хайын ныууайынмæ, фæлæ къухы не ’фты, фадат нæ рауайы.
ФЫСТÆДЖЫТÆ Æвæццæгæн мæ ахæм адæймагыл банымадтай, де ’рмдзæф, де стиль дын чи нæ базондзæн, æндæра мæм дæ къухфыст фæсномыгæй куыд рарвыстаис!? Мæ зæрдæмæ тынг фæцыди де стихты цикл Нафийы тыххæй. Æхсызгонæй сæ бакастæн æмæ сæ радтон Цырыхон Михалмæ, бафæдзæхстон сæ хъысмæт Камал æмæ Æхсарæн. Михал æцæг не сразы ис мыхуырмæ сæ фæсномыг кæнæ æнæномæй раттыныл, фæлæ «о» загъта дæхи номимæ сæ раттыныл. 6-æм æмæ 7-æм номыртæ, дам, типо- графимæ æрвыст сты. Дæ цикл, æвæццæгæн, ратдзæн 8-æм номырмæ. Ууыл гуызавæ ма кæн. Ам ногæй ницы хабар ис. Цалдæр мæйы размæ цæуинаг уыдтæн Мæскуымæ мæ куырм цæст сæфтауыны æмæ дзы про- тез нывæрыны тыххæй, фæлæ уый дæр мæ къухы не ’фты. Иу æнæхайыры пьесæ мæм радтой театрæн раивынмæ. Амардта мæ хъизæмарæй, фæдæн æй (иу 4500 стихы), ныр та мын мæхи пьесæгонд («Тæрхоны лæгтæ») цыбыртæ кæнын бахæс код- той. Æмæ хуымæтæджы цыбыртæ кæнæн кæм ис стихтæй фыстæн!.. Архайджытæй аппарын хъæуы, æнæхъæн сценæтæ — сисын, æмæ уæд сюжет хæлгæ кæны, ногæй йæ æмпъузын хъæуы. Гъе, ахæм куыстыл хъизæмар кæнын ныртæккæ. Хадзы-Мурат ам вæййы, чысыл хъæрзгæгомау хæссы цалдæр боны, фæлæ ныр фæдзæбæх кæны. Нафи цалдæр боны размæ ам фæзынди, Дагъыстанмæ ацыдис, уырдыгæй цæудзæн Гроз- намæ, стæй раздæхдзæн ардæм, ам цас бафæстиат уыдзæн, — бæрæг нæма у. Куыдзæг йæ къах ныццавта, фæлæ йæ мæхæдæг дæр нæма федтон, куыд у — нæ зонын. Тотырбег ам, Фысджы- ты хæдзары, вæййы æдзухдæр, йæ роман инæлар Иссæйы тыххæй фæуынмæ хъавы. Цæгæры-фырт Максим æмæ Осахо Токаццо (апойнаг фыссæг) цавæрдæр романтыл кусынц, фæлæ цы сты, цæй тыххæй — бæрæг сын ницы зонын, цы фехъуыс- тон, уымæй уæлдай. Цыбыр дзырдæй, пъеротæ æхситт кæнынц, уый хъусын, фæлæ сæ бынæй зынгæ ницыма кæны. Хæсты хабæрттæ мын фыссын кодтай, — ацы сахат зивæг кæнын, ницы дæм æрвитын, бахатыр мын кæн. Зæрдиаг арфæтæ дæ дзæбæх бинонтæн — Надяйæн, Виленæн! Саламтæ æмбæлттæн сегасæн дæр. Дæхи Плиты Грис 25.06.75 аз Федыр, дæ дзæбæхтæ мæм хъуысой! Райстон дæ фыст. Æхсызгон мын у, сæрæн кæй дæ, дæхи- уыл хъочахæй кæй хæцыс. Канд цæстытæй нæ, фæстаг рæстæджы
(Т2^^С~^ Плиты Грис та мæ ахсæнæй, — куыдз ыл амæла! — мæ* уд исын байдыдтон. Мæхи, зæгъын, айсон цæхæрадонырдæм, кæд мын сыгъдæг уæлдæфмæ иучысыл фенцондæр уаид, æмæ мæм, къæсæрыл ахизон, афтæ нæ зæронд дæ фыст авæрдта. Фездæхтæн æмæ дын цыбырæй дзуапп дæттын. Бæргæ хорз нæ уыд, кæй уæ фæсайдтон, фæлæ раст уыцы рæстæджы, — ацæуынмæ куы хъавыдтæн, уæд, — Аланæн ус курын сфæнд кодтам. Ныр ыл 30 азы цæуы! — куы базæронд уа, зæгъын, куы ничиуал ын бакома, уæд Хуыцауы тæригъæд уыдзæн!.. Ленинграды цавæрдæр чызджы амыдта Плиты инæлар Исайы ус Катя: мæ хойы чызджы чызг, дам, у æмæ, дам, хъуамæ Аланæн уый ра- курай, науæд, дам, дæм мæ дзыхæй дæр нал сдзурдзынæн... Ленинграды батæлфыдтæн зыбыты иунæгæй, бафидыдтой чыз- джы мад æмæ фыдимæ, цалдæр боны фæстæ йæ æртеу-теу кодтой, æмæ йæ нæ лæппу йемæ афардæг кодта Африкæмæ... Гъе, афтæ уыд, кæй уæ фæсайдтон, уый аххос. Кæд тагъд мит уарын не сфæнд кæна уæллаг, уæд, чи зоны, театры бæрæгбонмæ ныууайон, æмæ уым фендзыстæм кæрæдзи. (Дарддæр фыстæ- джы ис Пушкины «Кавказ» Грисы тæлмацæй, 4 æхсæзрæнхъон строфайы — Н. Дж.) Иу цыппаррæнхъон строфайы ма дзы уыдис, фæлæ йæ ныртæккæ ссарын нæу мæ бон. Кæд дæ æхсызгон хъæуа, уæд мæм фæхабар кæн — ссардзынæн æй æмæ дын æй арвит- дзынæн. Бæргæ, ныры фæлтæрд мæм куы уыдаид уæд, ныр æй бирæ хуыздæр ратæлмац кæнин, фæлæ конд æмæ мыхуыр цы ’рцыдис, скъолаты кæй фæцахуыр кодтой фæсивæд бирæ азты, уый ногæй тæлмац кæнын — хъыгдарыны хос у. Ам дæр ногæй ницы уынын æмæ ницы хъусын литературæ- йы. Мæхæдæг ныр мардæй уæлдай нал дæн, фæлæ мын хъыг у, Нафи, Хадзы æмæ Гиуæргийæ дарддæр иннæтæ кæй ницы аразынц уа-диссагæй, уый. Гыбар-гыбур кæнынц газетты æмæ журналты фæрстыл дунейы стихтæ æмæ «кадджытæ», фæлæ сæ хъуыды, кæнæ зæрдæ цæуыл фæлæууа, ахæмæй лæг ницæ- уыл хæст кæны. Тæрсын, 30-æм азты фæуды нæм хистæр фæлтæр хицæн адæймаджы культы азарæй куы фесæфтысты, уæд нæм цы афтид уавæр сæвзæрди, ахæм та куы фæзына ногæй. Фæлæ иунæг Хуыцауы фæрцы Нафи ис, йемæ йæ кæстæртæ цалдæрæй æмæ кæд уыдон сæфты уавæр æрцæуын нæ бауадзик- кой... Кæстæртæй бирæтæ цæйдæр верлибртыл бафтыдысты, фидæн кæмæн нæй æмæ ирон чиныгкæсджытæ кæй никуы райс- дзысты, ууыл, æмæ дзы азæй-азмæ кæритæ кæнынц, ног фæзын-
ФЫСТÆДЖЫТÆ ^^^27Г дыл æй нымайынц поэзийы, йæ фæзындыл ныр сæдæгай азтæ кæй цæуы, ууыл хъуыды дæр нæ кæнынц, афтæмæй. Цы ма уа уымæй бæллæхдæр! Нафи мын йæ арæзт чиныг рарвыста йæ раздзырдимæ. Мæ зæрдæ мын иттæг барухс кодта разныхасæй дæр æмæ чины- джы арæзтæй дæр. Кæдæй-уæдæй Къоста раст арæзтæй рацыди мыхуыры, арфхъуыдыджын æмæ уарзон ныхас æрцыдис йе сфæлдыстадыл. Бузныджы арфæтæ йæм арвыстон. Зæрдиаг салæмттæ Надяйæн, Виленæн, дæ чындзæн. Бирæ мын фæфæрс нæ хæлæртты. Уе ’ппæты дзæбæхтæ мæм хъуысæнт! Дæхи рукъаг Грис 10.10.76 аз Фиппаинæгтæ. Грисы фыстæджытæ Гафезмæ сты 1949 азæй 1976 азмæ фыст. Сегас нырма къухы нæ бафтыдысты, бирæтæ дзы, æвæццæгæн, сæфгæ дæр фæкодтой. Гафез фæзиан 1983 азы августы 12 бон. Хорз æй зонын, Грис æм фыста æвдай æхсæзæм азы фæстæ дæр, суанг йæ мæлæтмæ, фæлæ фæстаг авд азы фыстæджытæй иу дæр нæй нæ къухы. Фæстæдæр ма дзы, чи зоны, разына искуы, искæмæ. Фыстæджыты ис ирон советон фысджыты кой. Фысджыты æхсæнад дæр цæры адæмы иннæ фæлтæртау: иутæ дзы кæрæдзимæ æввахсдæр сты, иннæтæ — дарддæр. Ам, субъективон критеритæм гæсгæ, Грис æмæ Федыр номдзыд фысджытæ уыдысты æмæ сты, стыр бынат ахсынц нæ литературæйы историйы, фæлæ уыдон ахаст дæр литературæйы фæзындтæм æмæ хицæн архайджытæм амад у уæддæр сæ субъективон принциптыл. Ома сæ характеристикæтæ хицæн уацмыстæн æмæ литературæйы кусджытæн махæн нымаинаг сты, фæлæ сæ иунæг рæстдзинад нæ хъæуы хонын, абсолютизаци кæнын сæ нæ хъæуы. Фыстæг — йæ жанр ахæм у! — вæййы фыссæ- джы иууыл субъективон уацмыс. Кæсын дæр æм хъæуы ахæм цæстæй. Фæлæ æнæмæнг нымаинаг у ацы жанры иннæ миниуæг дæр: стыр фысджытæн сæ субъективон хъуыдытæ æмæ ахастыты дæр стыр объективон рæстдзинад вæййы. Уыцы рæстдзинад та махæн, сæ бындартæн, æмбаринаг, нымаинаг æмæ æвæринаг у. Грисы фыстæджыты арæх æмбæлынц ирон фысджыты нæмттæ. Чиныгкæсджытæй бирæтæ уыдон нæ зонынц æмæ сын уæд фыстæджыты мидис зын æмбарæн уыдзæн. Цæмæй сæ, фыстæджытæ кæсгæйæ, ахæм зындзинад ма хъыгдара, уый тыххæй ам ранымайдзынæн, Грис кæй кой кæны, уыдон нæмттæ æмæ мыггæгтæ: Гулуты Андри, Дарчиты Дауыт, Бекъойты Ели-
Плиты Грис оз, Цоциты Резо, Дзугаты Георги, Асаты Реуаз, Плиты Георги (Плигер), Дзугаты Хаджумар (Гиуæргийы æфсымæр), Джиоты Дауыт, Плиты Илья (Ило), Плиты Харитон (Хадо), Епхиты Тæтæри, Ардасенты Хадзыбатыр, Кавказаг (Хъæцмæзты Илья), Нартыхты Михал, Дзуццаты Хадзы-Мурат (Хаджи), Бестауты Гиуæрги, Тедеты Рюрик (Терюк), Булкъаты Михал, Мамсыра- ты Дæбе, Дзаттиаты Тотырбег, Дзесты Куыдзæг, Токаты Асæх (Осахо Токаццо), Цæгæраты Максим (Цæгæры-фырт, Цагара- лоев), Хъайтыхъты Геор (Хъайтухъов). Советон дуджы размæ ирон æхсæны кусджытæ æмæ зындгонд æфсæддонтæй фыстæ- джыты ис Байаты Гаппойы, Цæлыккаты Ахмæты, Хабæты Бетъа æмæ Бичерахты Георгийы кой. Уыдонæй фæстаг дыууæ уыды- сты æфсæддон архайджытæ. Се ’ппæт дæр разы нæ уыдысты советон цардæвæрдыл æмæ фæсарæнтæм ацыдысты. Фыстæджыты ма ис хицæн адæймæгты кой: Афассæ — Гри- сы æфсин, Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисткæ, Дзуккойты чызг; Фатимæ, Калоты чызг, ахуыргæнæг, — Дзугаты Георгийы æфсин; Верæ — Плион, Бекъойты Елиозы æфсин; «зараг Гришæ» Плиты Никъайы фырт Гриш, номдзыд зарæггæнæг æмæ драмон ар- тист; Зелим — Цыхуырбаты Пъаулейы фырт, партион кусæг, философон зонæдты доктор; Сослан — Гæбæраты Салайы фырт, философон зонæдты доктор; Саламты Алихан — журналист, рауагъдады кусæг, фыста радзырдтæ дæр сабитæн; Чиаев Иосиф Семенович — хидтæаразæг индзылер, Хуссар Ирыстоны обко- мы фыццаг секретарь, Раиса — йе ’фсин, Плион; Роман — Го- джыцаты, партион кусæг, Грисимæ уыд хæлар; Никъа — Хæныкъаты Гисы фырт, рухстауæг, ахуыргæнæг, тæлмацгæнæг, Грисимæ уыд хæлар: иуæй йæ мады ’фсымæр уыд, иннæмæй та зондджын æмæ дзырдарæхст адæймаг, юмормæ æмхиц; Вася (Дзедза) — Гаглойты Уасилы фырт, Грисы хæлар, базонгæ сты фронты, Дзедза уыд батальоны командир æмæ йыл Грис цалдæр хатты фыста æфсæддон мыхуыры йæ хъæбатырдзинад æмæ арæхстдзинады тыххæй. Нафийы публикаци æмæ фиппаинæгтæ.
УИДГЕГТВ ДЖИОТЫ Иринæ РОХУАТÆН ÆВГЬАУ У рыдоны дины скъола — семинар бирæ хæрзты бацыд ирон дзыллæйæн, нæ куль- турæйæн. Дины куыст æмæ æхсæнадон куыст чи кодта æмæ уый фæрцы сæ ном кæмæн айхъуыст — Цæголты Алыксандр, Коцойты Моисей, Æлбегты Афанасий, Гарданты Михал, — уыдонимæ уыд Хъе- саты Мырзабеджы фырт Харитон дæр (йæ аргъуыды ном Иеремия). Харитон райгуырд Чырыстонхъæуы, ам фæци райдайæн скъола æмæ 1888 азы ссис Æрыдоны семинары ахуырдзау. Фыццаг ахуыры азæй фæстæмæ сбæрæг сты «... его высокие способности, его глу- бокая любовь к знанию, литературе и проповеднический талант».1 1893 азы Харитон тынг æнтыстджынæй фæцис семинар, радтой йын «хуыздæр ах- уырдзауы» кадджын ном. Ахæм зæрдæ- ргъæвдæй кæй ахуыр кодта, уый охыл æй афæдзы фæстæ арвыстой дард балцы — уыд Константинополь, Афон æмæ Палестинæ- йы. Цы федта, цы базыдта, цы ’нкъарæнтæ йæм райгуырд дард фæндагыл, уыдоны тыххæй ныффыста стыр уац — 1899 азы мыхуыргонд æрцыд журнал «Русский Па- ломник»-ы 36 номыры. 1 Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социологон иртæстыты институт, Фолькло- ры фонд, I æрфыст, 614 хъуыддаг, 1 сыф. с/р 9 Мах луг № 10, 2003
Джиоты Иринæ Фæстæмæ Уæрæсемæ 1894 азы куы ’рбаздæхт, уæд Харитон бацыд Тифлисы духовон семинармæ æмæ та уый дæр æртæ азы фæстæ иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ фæцис. Стæй, хуыздæр нæй уæвæн, афтæ радта фæлварæнтæ Петербурджы духовон академимæ. Мæнæ уый тыххæй куыд фыста йæ 37 номыры «Церковный Вестник» 1897 азы: «Нельзя не отметить того замечательного (небывалого еще в летописях академии) факта, что первым студентом оказался инородец, так как Кесаев по происхождению осетин и явился в академию волонтером».2 Ахуыры хъуыддаджы дæр та сгуыхт æмæ уацтæ дæр фыста, ноджы куыддæр хæлофæй, цыма йын цæрæнбонтæ бирæ кæй нал баззад, уый зыдта, уыйау. Йæ уацмыстæ йын мыхуыр код- той журналтæ æмæ зындгонддæр газеттæ — «Русский Палом- ник», «Церковный Вестник», «Пастырь», «Грузинские Епар- хиальные Ведомости», газеттæ «Кавказ», «Казбек», «Терские ведомости» æмæ æндæртæ. Дины кусæг хорз фыссын дæр хъуа- мæ зона, фæлæ уæддæр йæ сæйраг курдиат дзыхæй арæхст- джын дзурын у — гомилетикæ. Гъемæ та Иеремия ацы хъуыд- даджы дæр йæхи фæзминагæй, бирæтæн хæлæггаг хорзæй рав- дыста, йæ раныхасмæ байхъусынмæ-иу тынг бирæ адæм æрæмбырд сты, стыр аргъуаны дæр, дам-иу, нал цыдысты. Фæлæ фидæны сауджын, сыгъдæг фыд æрмæст аргъуаны нæ ныхас кодта адæмимæ — уый ма Хуыцауæн уарзон зонд æмæ хъуыддæгтыл ардыдта Æхсæвиуатгæнæн хæдзары уазджыты, Никъалайы номыл æфсæнвæндаджы депойы кусджыты, æндæр адæмы. Журнал «Церковный Вестник» куыд фыста, афтæмæй, дам, Иеремияйæн айдагъ йæ раныхæстæ дæр иу дзæбæх томы фаг уыдысты, ноджы ма æрмæст сæ бæрцæй не сты диссаг, фæлæ сæ ахъаззаг хъуыдытæй дæр, куыд дæсны арæзт уыдысты, уымæй. Нæй, нæ та бауарзта ацы курдиатджын гуырдæн дæр йæ хъысмæты цæст бирæ цæрæнбон: Хъесаты сæрæн лæппу æнæнхъæлæджы æрсад тифæй æмæ 1899 азы 30 мартъийы йæ райгуырæн хъæуы амард. Чидæриддæр æй лæгæй-лæгмæ дæр æмæ ’рмæст йæ койæ дæр зыдта, уыдон ыл тынг фæрыстысты, къордæй йыл мысинæгтæ ныффыстой. «Русский Вестник»-ы йыл цы некролог уыд æд къам, уым загъд ис, зæгъгæ, Хъесы- фырт’ «был великий талант самородок и нельзя не оплакивать его преждевременной кончины».3 2 Уый лæр уым. 3 Уый дæр уым, 2 сыф.
РОХУАТÆН ÆВГЪАУ У ^^*^Т311 Байаты Гаппо газет «Кавказ»-ы (1899 аз, 599 номыр) ра- уагъта уац «Древние храмы Осетии», æмæ дзы æппæты сæрæй загъд ис: «Посвящается памяти студента Санкт-Петербургс- кой духовной академии Кесаева». Кæрæдзи хорз зыдтой Гаппо æмæ Харитон, сæ дыууæ дæр Ирыстоны культурон размæцыдæн сæ гæнæнтæ æмæ амалтæм гæсгæ æвæджиауы ахъаз уыдысты. Кæд сын æмхуызон нæ бан- тыст, уæддæр Хъесаты Мырзабеджы фырт Харитоны ном дæр æвгъау у рохуаты уадзынæн. Бæргæ, куы нын бантысид искæд бон йæ уацмыстæ иу цъары бын ныммыхуыр кæнын, уæд мах дæр хорзы бацæуиккам нæ культурæйæн. Стæй уæд мах дæр, хъуыддаг зонгæйæ, сразы уаиккам, Гап- по Харитоны тыххæй цы ныхæстæ загъта, уыдоны рæстдзина- димæ: «Он не зарыл талантов своих в землю, но преумножил их упорным трудом, глубокой верой и любовью...»
«мпх дуджы» рйвдыст «Саккаг иæм кæнут».
«МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ Номарæн къæй «Къоста æмæ Хъипиани». Фрагмент.
З^^л «МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ ^^^^^^ Этюд. Стай.
«МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ ^5 Номарæн къæй Брытъиаты Елбыздыхъойæн. Адæмон хосгæнæг.
^З^ «МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ Лæппуйы сурæт. Зиæгтæ.
«МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ -2^2^2*37) У Нарты кадджытæ. Цветаевайы æмдзæвгæтæ.
«МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ Цырт Къостайы мад Марияйæн. Сидт.
«МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ Дада æмæ йæ фыртыфырт. Нывгæихг Хстæгкаты Хъазыбсг.
ЙРВИСТОН хæсты чъылдым Кæмфæнды дæр цæуæд хæст — Германы, Англисы, Уæрæ- сейы, Иракы — уæлдай нæу: фыдгæнджытæ сæ куыст уæлдай хъазуатондæрæй райдайынц, æппындæр нал фæауæрдынц ма- рыныл, стигъыныл, давыныл, сайыныл, тыхмитæ кæныныл. Немыцаг фашисттæ Мæскуыйы бынмæ куы лæууыдысты, адæм сæргой куы фесты, уæд чидæртæ та, хæстæй æдасдæр рæттæм чи ацыд, уыдоны фатертæ гаффутт кæнынмæ фесты. Мæскуыйæ та уыцы бонты фылдæр хъæздыгдæр цæрджытæ алыгъдысты. Ралæууыд алы цæстфæлдахджыты рад дæр — адæм сыдæй мардысты, иннæтæ-иу æмбойны схъæздыг сты. О: кæмæндæр хæст — дзæхст, кæмæндæр та — дзидза æд уæхст. 1940 азы Лондоны немыцаг бомбæты бын фæмард 40 мин адæймаджы. Фæлæ дзы тынг бирæ адæм бабын фыдгæнджы- ты къухæй дæр. Ноджы хуымæтæг адæм сæхуыдтæг дæр уадидæгæн стигъджытæ æмæ лæбурджытæй агæпп ластой, бандæтæ арæзтой æмæ фæйнæрдæм скъæфтой æрдæгхæлд ду- каниты мулк, мæрдты стыгътой, къахтой адæмы дзыппытæ. Сарæх сты сылгоймæгтæн тыхмигæнджытæ, сæ марджытæ. Бæллæх ма уый уыд, æмæ бирæ пъæлицæйæгтæ æмæ артхуыс- сынгæнджытыл æууæнк нал уыд, уымæн æмæ сын сæ сæрма- гонд дарæс фыдгæнджытæ дæр сæ уæлæ дарын райдыдтой. Мæскуыйы та бандиттæ цалдæр къордæй чекистты формæ дардтой, æмæ сæ адæм уæлдай удаистдæр кодтой, æнæ ракæ- бакæйæ сæ-иу сæ фатертæм бауагътой баджигулы ’фсон. Иу бандæ та дзы йæ куыст хæзнатæ ласæг поездты скодта — æфсæнвæндаджы кусджытæй сын хæрзгæнджытæ уыд, æмæ сын-иу уыдон бацамыдтой, дзаджджындæр хай кæм лæууы, кæцы вагоны ис, уый. Хæст чи ’рхъуыды кодта, рох кæнын дæр æй уый нæ уадзы: пайда йын у!
_АРВИСТОН ^^^1 ÆРÆДЖИАУЫ ХОРЗÆХ Антонио Солойыл сæххæст 89 азы. Æстай фараст! Уым уадис- сагæй, ай-гъай, ницы ис, фæлæ нырма ныр фæцис... астæуккаг скъола каст. Чысылæй цыппар къласы сахуыр кодта, стæй цалдæр хатты дыккаг аз куы баззад иу къласы, уæд йæ ахуыр ныууагъта. Абон та тынг цин кæны, уæддæр æмæ уæддæр скъола кæй фæцис, ууыл. Æнæхъæн Итали дæр ын арфæтæ ’рвиты. ХЪÆЗДЫГ ЦЫ НÆ КÆНЫ... Нымæц 9 тайæгты мифологийы амоны размæ цæуын æмæ сгуыхын, амонд. Гъемæ дын Таиланды армукъа куы саразик- кой... рог хæдтулгæты номыртæй. Иу дзы уыд 9999. Æмæ йæ сæ транспорты министр кæд æмæ балхæдта бынтон асламæй — дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр 100 мин доллæрæй. АУ, УУЫЛ ДÆР НÆЙ РИХИ?! Бельгийаг лæппулæг Пиет Саттер ахæм рихитæ рауагъ- та, ахæм, æмæ сын æнæхъæн дун-дунеты ’мбал нæй: сты 7 футы дæргъæн, иу фут та у сардзины æвдæм хай, науæд та 12 дюймы, науæд та 0,3048 м. О, Пиет Саттер ма фес- гуыхт йе ’рфгуытæй дæр — сты йын 15 сантиметры дæргъæн. Фæлæ дзы ацы куыдзыл цы хъустæ ис, ахæмтæн дæр ду- нейы мидæг æмбал нæй. МАУАЛ КУ, ХОРЗ УС! Англисы фæзынд диссаджы хæрзад хъæдындз. Уый дæр — ахъаззаг хорз. Фæлæ йе ’цæг диссаг та уый у, æмæ стигъгæйæ æмæ кæрдгæйæ хæринаггæнæгæн йæ цæссыг не згъалын кæны.
АРВИСТОН АДÆЙМАГ ХУЫЦАУЫ ЦÆХÆРАДОНЫ Уæллæй, адæймаджы Хуыцауы цæхæрадонмæ бауадз, уæд уым дæр йæ фæстæ хæрзаг дуне бырон ныууадзид. Цавæр æнæхъола цот стæм Сфæлдисæгæн — мæгъа... Япойнаг альпинист Кен Ногучи йе ’мбæлттимæ цыппар хат- ты схызт Эвересты цъупмæ, цæмæй дзы, иннæ альпинисттæ цы бырон ныууагътой, уыдон æрхæсса — æрхастой дзы 8 тон- нæйы. Æмæ уым, Хуыцауы къæсæрыл, цынæ разынд, цынæ: дуне цатыртæ, дуне туаггуыры балонтæ, дуне консервы къоппытæ, цалдæргай километртæ бæндæн, æнæнымæцæй газы балонтæ, стæй иу адæймаджы мард. Фæлæ Кен зæгъы, зæгъгæ, дам, ма йæ ноджыдæр бахъæудзæн бырондзуан цæуын уæлæрвтæм. ЧИ СÆ У НÆ БОГАЛ? Нæ цыбыр ныхасы сæрæвæрæн анекдот фæуæд: Путин чи у, Уæрæсейы Президент, уый, дам, Коктебельмæ ныццыд, Хъы- рыммæ, мæнæ зындгонд поэт Максимилиан Волошин кæм цард, уырдæм. Гид ын зæгъы: — Мæнæ Волошины ингæн... Уæд æй Путин тæхудиаггæнгæйæ бафарста: — Æмæ уæм Сурковы ингæн нæй, Сурковы? Президенты администрацийы сæр у Александр Волошин, йæ хæдивæг та Владислав Сурков, сты Ельцины «бинонтæй», мæскуыйæгтæй. Ныхмæ лæууынц Путины «бинонтæм», ома бетъырбухæгтæм, Волошины иннæ хæдивджытæм — Игорь Сечин æмæ Дмитрий Козакмæ. Уыдонау дыууæ дихы сты хицауад дæр: Фыэсбыйы дирек- тор Николай Патрушев, Эмвыдыйы сæр Борис Грызлов æмæ Хъахъхъæнынады министр Сергей Иванов сты «питерские», премьер-министр Михаил Касьянов та «московский» у. Ель- цины «бинонтæм» хауынц бирæ олигархтæ — зæгъæм, Чукот- кæйы губернатор Абрамович, хуыдтой йæ Ельцины хæдзары чыссæ; Олег Дерипаска, алюминийы къарол, Ельцины сиахс у Юмашев, уый сиахс та ацы Олег. Путин мæскуыйæгты фæрцы сси президент, фæбузныг сæ: Ельцины закъонæй уæлдæр систа, нæй йын ницæй тыххæй
бафхæрæн. Фæлæ йыл мæскуыйæгтæ цæмæй бынтон ма суæ- лæхох уой, уый тыххæй Бетъырбухæй бирæтæм фæсидт алы бæрнон куыстмæ — æнæхъæн æфсад сæ рауад æртæ азмæ: 2 мины бæрц баисты йе ’мзæххонтæ, уыдонимæ Федерацийы Со- веты спикер Миронов, сенатортæ Нарусова æмæ Пугачев, Ны- майæг палатæйы сæрдар Степашин, дзæвгар бизнес-менеджертæ, зæгъæм, Валерий Голубев... ЮКОС-ы хицау Ходорковский афтæ загъта англисаг газетæн, зæгъгæ, дам, æз куыддæр «Сибнефть»-имæ æмвосы тыххæй ской кодтон, афтæ уыцы дыууæ командæйы кæрæдзимæ фес- ты, стæй, дам, мыл «питерские» слестадзагъдæй ралæууыдыс- ты — ахстытæ, джигултæ... Фæлæ дзы махæн та, рæстзæрдæ, фæлæ æнæхицау, адæмæн, чи у нæ богал, чи? УАРЗОНДЗИНАД КАР НÆ ЗОНЫ Айразмæ итайлаг хорз лæг Сальваторе Бординойыл сæххæст дыууæ æмæ фондзыссæдз азы. Бирæ-ма цæрæд! Æцæг-ма йæ хъæуы бирæ цæрын, æцæг: йæ тæккæ ус- кургæйæ у! Æмгæрттæ йын нал ис, уымæн æмæ йын раджы амардысты, фæлæ йын ис 5 сывæллоны æмæ бирæ цоты цот, æрмæст йæхи уыдоны æвджид нæ уадзы. Æз, дам, искæй цæстдарыны хъуаг нæ дæн, мæнæн, дам, нырма мæхи фæнды искæуыл аудын, искæй рæвдауын, искæй фæндтæ æмæ домæнтæ æххæст кæнын. Цыбыр дзырдæй, хъуамæ, дам, мын уарзон ус уа, мæ дык- каг бинойнаг дæр та мæхицæй раздæр кæм амард, уым. Сальваторе нырма кусгæ дæр кæны, йæхи тынг хорз æнкъа- ры, йæ ныфс алцæмæ дæр хæссы, фæлæ йын ничи ма сразы «йæ лæвар сæрбæттæн бабæттын». ÆРВЦЪÆХ - ÆВДАДЗЫХОС Æрвцъæхæн йе ’нгас кæд куыддæр уазал у, уæддæр, дох- тыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй тынг ахъаз у, тыхст рынчынты дзæбæхгæнгæйæ. Лæджы хъарутæ фæдывæр кæны, цыдæр æрвон тыхтæ дзы бауадзы. Исты зæрдæрыст куы уай, уæд, дам, ма ахæм фæлварæн
й22^^> АРВИСТОН скæн: донæй дзаг агуывзæйы сæр æрвцъæх гæххæттæй бамбæрз æмæ иу дæс минуты донмæ æдзынæг фæкæс, стæй дон чысыл хуыпгай бануаз. Æмбойны дын фенцондæр уыдзæн. Уæдæ дзæгъæлы уарзæм, дзæгъæлы, сæгъы цæстау сыгъдæг арвмæ кæсын!.. Æрвцъæх хуыз знæт лæджы æрсабыр кæны, æнæрхъæцтæ дæр быхсагдæр фæвæййынц. Рагзаманты паддзæхты къæлæтджынтæ сапфиртæй нывæфтыд кодтой, стæй-иу табуйаг дзаумæттæ дæр æрвцъæх æмбæрзæнты бын уыдысты. Хурыскæсæн бæстæты та æрвон хуыз нымадтой кæлæнгæнæг тыхыл. МАКÆ, НАУÆД... Науæд дæм мæ ком ивазын; загътаид нæ рагфыдæлы фыдæ- лы фыдæл маймули. Чи сæ хъуамæ суа рæсугъд сыл майму- лийы мой, ууыл-иу куы фæбыцæу сты адæймаджы рагондæр фыдæлтæ, уæд-иу кæрæдзимæ сæ ком ивазын райдыдтой, мæнæ ма ’рбакæс, цы ссыртæ æмæ мын къæпсыртæ ис, зæгъгæ. Сыл маймулитæ дæр ивæзтой сæ ком, фæлæ уыдонæн уый сæ дæндæгтæй æппæлыны мадзал уыд, стæй куыд æрыгон æмæ æнæниз сты, уымæн æвдисæнтæ. Абон дæр ма уыцы нысаниуæг ис сæ комивазынæн пави- антæн, фæлæ адæм та сæ рагон рефлексы амæддаг сты æмæ ныззæмбынц, æндæр искæй йæ комивазгæ куы фенынц, уæд. Стæй сæм хуыссын куы фæцæуы æмæ фырвæллад куы вæййынц, уæд дæр. Ахуыргæндтæ куыд нымайынц, афтæмæй, дам, ком- ивазын ахъаз у сæрымагъзы куыстæн. ЛÆППЫН - ЙÆ МАДЫ ЙАС Тынг налат бындз рауад æрдзæн африкаг цеце: йæ хæст мæлæтдзаг у. Фæлæ ма йæм иу ахæм диссаджы миниуæг дæр ис — «æфтауы» æрмæстдæр иунæг айк æмæ йыл къуыртты фæбады сæрмагонд хызыны. Фæлæ дзы къуыдыргалм, быр æрмæстдæр уæд фæзыны, æмæ йæ гуырдз айчы мидæг йæ мады йас куы свæййы. Биологты нымадмæ гæсгæ уыдонæй цардхъомдæр цот никæмæн ис.
арвистон -.-^г&а^н^ ЧИ У АХХОСДЖЫН? Цы йыл нæ сæртæ хойæм, ацы дунейы бæллæхтæ кæй ах- хосæй æрцæуынц, ууыл: дзуттæгты! Бирæ цыдæртæ дзырдтой адоны тыххæй, уыимæ афтæ дæр — «Если в кране нет воды, значит, выпили жиды». Хæстæй дæр, дам, сæхи тылиф кодтой. Фæлæ мæнæ иу цалдæр дæнцæджы... Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тохы цæхæры уыд 434 мин дзуттаджы, уыдонæй фæмард 205 мины, 100 мины бæрц дзы сыздæхтысты инвалидтæй. Чи фæмард, уыдоны 80 проценты бæрц уыдысты хуымæтæг салдæттæ æмæ сержанттæ, 20 процентæй чысыл фылдæр та кæстæр афицертæ, ома æцæгæй дæр хæстæн йæ тæккæ цæхæры чи вæййы, уыдон. Щербаков хæсты заман уыд партийы Сырх Æфсады Сæйраг политикон управленийы хицау, Хъахъхъæнынады адæмон ко- миссары партион хæдивæг, партийы Совинформбюройы хицау, партийы Политбюройы уæнгтæм кандидат, партийы Мæскуы- йы горкомы I секретарь æмæ партийы ЦК-йы секретарь. Гъемæ дын уый æппæт адæмты дæр æмхуызон уарзтæй уарзæг Ста- лины æвастæй 1943 азы '31 ноябры алы фронтмæ дæр сусæг директивæ куы арвитид: «Награждать представителей всех на- циональностей, но евреев — ограниченно». Хъуыддаг уый мидæг уыдис, æмæ уæдмæ хæрзиуæгджынты ’хсæн æгæр сарæх сты дзуттæгтæ: суанг сæм хæсты фыццаг бонтæй фæстæмæ фæзынд Геройтæ, æцæг уыдоны тыххæй иу партион газет дæр никуы ницы ныффыста. Æнæпартион газетæн та уæд йæ кой дæр нæ уыд. Мæнæ сæм цас уыд инæлæрттæ дæр, мæнæ: иумæйаг æфсады — 92 инæлары, авиацийы — 26, артиллерийы — 33, танкджын æфсады — 24, бастдзинады æфса- ды — 7, медицинон службæйы — 26, ветеринарон службæйы — 9, инженерон æфсады — 33, техникон службæйы — 5, авиаци- он-инженерон æфсады — 18, инженерон-артиллерион службæ- йы — 15, инженерон-танчыты службæйы — 9, инженерон-тех- никон службæйы — 34, интендантон службæйы — 8, юстицийы — 6, адмирал-инженертæ — 6, инæлæрттæй 38 фæмард. Матросовы хуызæн лæгдзинад равдыстой цыппар дзуттаджы, ноджы ма Абрам Левин йæ риуæй пулемет уымæй афæдз раздæр сæхгæдта, 1942 азы 22 февралы, æцæг æй айдагъ орденæй схор- зæхджын кодтой, уый дæр... 15 азы фæстæ. Гастеллотæ та сæм уыд 14, фæлæ дзы Геройтæ радтой æрмæстдæр дыууæйæн, уыимæ Шик Кордонскийæн 1990 азы. Талалихинтæ та сæм уыд 10 Мах дуг № 10, 2003
^14^^-^ АРВИСТОН Ч. Т^^Я^1Ш11МЫЗ>У' . ЧЦ|,| 1 I 1.1..Л.1Н....П. .111. III. ЦШ11Ц „тиц,,, „ 11,1111 „цщ, ,|,|ц||||щ,щ |,.Ц11.1...1.11.III.1111111.1111111 цыппар, æцæг дзы Герой иуæн дæр нæ саккаг кодтой. Евгений Волянский (Хаим Коренцвит) хъуамæ суыдаид æртæ хатты Ге- рой, фæлæ йын Сырх стъалыйы ордентæ йеддæмæ нæ лæвæрдтой йæ диссаджы хъæбатырдзинады тыххæй. Суанг ма йын Геройы стъалы чехославакаг инæлар Свобода дæр куырдта, фæлæ... Æфсымæрон адæмты цæдис уыд Советон Цæдис, фæлæ дзы кæцыдæр адæмтæ иннæтæй æфсымæрдæр уыдысты. Æмæ уый- адыл бабын ис. ÆХХОРМАГ МАД-ЧЫЗДЖЫТЫ МАД Лондоны Университетон колледжы кусджытæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй æнхъæлцауæй хæрдхъуаг чи æййæфта, уыдонæн, иннæтимæ абаргæйæ, къаддæр гуырд лæппутæ. Уый та, дам, уымæн афтæ æрцæуы, æмæ æрдз йæ куыст кæны: лæппуйы гуырдз ныййарæгæй фылдæр хъарутæ домы. Стæй мардæй чи райгуыры, уыцы сабитæн дæр сæ фылдæр лæппутæ вæййынц, уæдæ лæппутæ арын дæр уæлдай тухийагдæр рауайы мадæн. Ахуыргæндтæ йæ раджы фæфип- пайдтой, эволюцийы закъæттæм гæсгæ хæрдхъуаг сылгоймагæн чызг схæссын бирæ æнцондæр кæй у, уый, фæлæ хъуыддаг цæй мидæг ис, уымæн ницы зыдтой ныронг. Уæвгæ ныр дæр кæронмæ бæрæг нæу, гуырдзæй чызг æви лæппу цы хуызы рауайы, уый. АДЗАЛЫ ФÆНДАГЫЛ ЦШКОЛАД НЫЧЧЫНД Нæдæр цыхт, нæдæр къалбас, нæдæр ваниль у мысты уар- зондæр хæринаг, фæлæ — шиколад. Гъемæ ныр хъæууай кæнæд: англисæгтæ ’рхъуыды кодтой, уыцы адджинаджы тæф чи кæны, ахæм къæппæг. Фæлæ уырытæн ахуыр адæмы бон дæр ницыма у: уыры иу хатт цы къæппæджы бахауа, уымæ йæ тъымы-тъыма дæр нал барæдидзæн.
АРВИСТОН 2® АДÆЙМАДЖЫ ХИОНДÆР ХÆСТÆГ ШИМПАНЗЕ Детройты университеты кусæг Морис Гудмэн фидарæй зæгъы, зæгъгæ, дам, удгоймаджы рæзтæн ахсджиаг чи у ДНК-йы хæйттæй, уыдонæн сæ 99,4% ад- æймаг æмæ шимпанзейы генты æмхуызон сты. Фæйнæ фæнда- гыл рæзын райдыдтам 5 — 6 ми- луан азы размæ æмæ, дам, кæрæдзийæ афтæ тынг уымæн нæма адард стæм. Хуыцау ма зæгъæд, æмæ ныр шимпанзетыл мæгуыры бон ак- æна: адæймаджы низтæ сыл æфтауой æмæ йæ бæрæг кæной, се сдзæбæхæн хуыздæр цавæр хостæ хъæуы, уый. БАНАЗÆМ ФÆЙНÆ... СÆЛДÆДЖЫ Украинæйы фæзынд ног завод, уадзгæ та кæд æмæ кæны, 8 проценты алкоголь кæм ис, ахæм мороженитæ-сæлдæджытæ. Хæрзадæй хæрзад сты, фæлæ, дам, сæ шо- фыртæ, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæн хæрæн нæй. Куыннæ стæй! Чи йæ нæ зоны, фæдзæхст цы вæййы, уый адджындæр кæй у, уый. Къамы дæр чызг æмæ лæппу сæ сæл- дæджытæ бакъуырдтой æмæ сæ хæрынц, æна- хуыр заводæн арфæтæ- гæнгæйæ.
148^«-ццс-^ АРВИСТОН ФÆСНОМЫГ ÆМБÆХСÆН НАЛУ Сылгоймаг фысджытæй чидæртæ сæхицæн равзарынц нæлгоймаджы ном æмæ мыггаг, ома уый фæстæ сæхи бамбæх- сынц. Фæлæ ныр компьютерæн ахæм программæ æрхъуыды кодтой, æмæ йæ уайтагъд базоны, чиныг кæй фыст у, уый. Хъуыддаджы сусæгдзинад уый мидæг ис, æмæ нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ æвзаджы гæнæнтæ æмæ мадзæлттæй фæйнæхуызон пайда кæнынц. Бæлвырддæрæй та афтæ: сыл- гоймаг арæхдæр адæмæн сæ кæрæдзимæ ахастдзинæдты тыххæй дзуры, нæлгоймаг та, чи цы у, ууыл — ома объектыл. Программæ сарæзтой дзуттæгтæ, сæ сæргъы Моше Коппель, афтæмæй. Кусгæ та кæнынц Израилы горæт Рамат-Ганейы уни- верситет Бар-Иланы. Уыдон сбæрæг кодтой, зæгъгæ, сыл- гоймæгтæ фылдæр пайда кæнынц ахæм номивджытæй — æз, ды, уый, мæн, кæй; лæгтæ та нымæцонтæ æмæ номивджытæй бирæон нымæцы — уыдон, уыдæттæ æмæ а. д. НÆ ХУРТЫ ХУРЗÆРИН - ИР! О, Ир, æрмæст, йæ историйы дæргъы иу лæджы фыртæн дæр табу чи никуы кодта, уыцы Ир-Ирыстон нæ, фæлæ Ким Чен Ир. Ууыл фæстаг 30 азы Цæгат Корейы мæлгъæвзаг по- эттæ æмæ «коммунистон мыхуыры отличниктæ» сарæзтой 1000 зарæджы. Æнæ иу хъуаг мин. Уый тыххæй сæрыстырæй хъусын кæны Пхеньяны цæуæг журнал «Чосон мунхак» («Корейаг литературæ») Ким Ир Сены паддзахиуæггæнæг фыртыл фыццаг зарæг фæзынд 1973 азы, хонгæ та йæ скодтой «Партийы Центры тæмæнтæ калыныл царциаты дис». ФЫССÆДЖЫ АРГЪАУ Ныртæккæ дунейы æппæтæй зындгонддæр цы фысдлштæ ис, уыдонæй иу у бразилийаг фыссæг Пауло Коэльо. Йæ чин- гуытæ æрæджы фæзындысты дуканиты, фæлæ ахæм зынаргъ сты, æмæ лæг фæсагъæссаг вæййы сæ балхæныны размæ. Æмæ... Æмæ сæ нал балхæны, фæстæдæрмæ аргъæвы йæ бæллиц. Фæлæ уал уæдмæ Паулойы уацмыстæй иу тæлмац кæнæм, схуыдта йæ «Ногбоны аргъау».
АРВИСТОН ^^чМ^ ... Незаманты кæддæр Ливаны зæххыл æрзад æртæ кедры. Æнусты дæргъы фæхъуыды кодтой уыдон царды нысаны, мæлæты нысаны æмæ æрдз æмæ адæмы тыххæй. Æмæ цынæ федтой æмæ кæй нæ федтой: паддзах Солæманы æфсæдты, ассирийæгты, хæстытæ, тугныккæлдтытæ, хæрæмттæ, тыхто- натæ, уарзондзинады базырпырх пæррæстытæ. Сæ цæстытæй федтой, абетæ куыд фæзындысты, уый. Сæ цæстытæй федтой, теуаты чырæтæ иу дунейæ иннæ дунемæ куыд цыдысты змис- джын быдыртыл, уый. Федтой æмæ зыдтой алцыдæр. Æмæ дын иуахæмы фидæныл ныхасы куы рабадиккой. Сæ иу кедр зæгъы: — Мæн уый фæнды, цæмæй мæнæй иу бон скæной паддза- хы къæлæтджын. -. Иннæ загъта: — Мæн уый фæнды, цæмæй мæнæй иу бон скæной, Фыдæхæй Хæрзæг чи аразы, ахæм цыдæр. Иннæ загъта: — Мæн та уый фæнды, цæмæй, мæнмæ кæсгæйæ, адæм æдзухдæр сæ зæрдыл Хуыцауы дарой. Бирæ азтæ рауад сæ ныхасæй фæстæмæ. Хъæддзаутæ æртæ бæласы дæр акалдтой. Фыццаг бæласы хъæдæрмæгæй скодтой скъæт, дыккаг бæласæй сарæзтой стъол. Æртыккаг бæласы хъæд нырма ницæмæн бахъуыд, фæйнæджытæ дзы афастой æмæ æфснайдæй лæууыдысты. Бонтæ цыдысты. Иу фыдæхсæв дын цавæрдæр лæг æмæ ус фыццаг бæласæй конд скъæты бахсæвиуат кодтой. Сылгоймаг хæстбойнон уыдис æмæ йын уыцы ’хсæв лæппу райгуырдис, скъæты йæ кæвдæсы фæлмæн хъæмпыл бавæрдта. Æмæ йæ уæд кедр бамбæрста: йæ бæллиц сæххæст, Зæххы Паддзахæн къæлæтджын сси! Дыккаг бон кæмдæр иу хъæуы уазджытæ фынджы уæлхъус дзаджджын хуынтæ Хуыцауыл фæдзæхстой. Æмæ йæ уæд дыккаг кедр бамбæрста — уый бæллиц дæр сæххæст: адæм фыдæхæй хæрзæг кæнынц, Хуыцауæн кувынц. Уалынджы æртыккаг кедры фæйнæджытæй дзуар скодтой æмæ йыл лæджы байтыгътой. Фæлæ дын æртæ боны фæстæ уыцы лæг Дунейы Рухс куы суаид. Æмæ йæ уæд æртæ кедры дæр бамбæрстой: цæмæ кувай, уый æрцæуы, æцæг, ды куыд фенхъæлыс, афтæ нæ, фæлæ бын- тон æндæр хуызы!
(иЬ^.^-^ арвистон УЫЙ ДЫН ДЗЫ ÆФСЫМÆР!.. Нæй кæрон адæймаджы хорзæн, стæй нæй адæймаджы фыдгæндтæн дæр бын. Ацы æвирхъау хабар æрцыд хъæу Но- воколхозное Калининграды облæсты: 14-аздзыд лæппу йæ дыу- уæ ’мбалимæ хъæдмæ асайдта йæ 11-аздзыд хойы æмæ йæ уым тæрфы бæласмæ сбастой. Чызг сыдæй амард, саузæрдæ ’нахъом лæппуты ’рцахстой. Кæд уыцы гуырдтæй дæр Хуыцауы сконд зæгъæн ис, уæддæр нæ саузæрдæ рæстæджы хъæбултæ сты, нæ рæстæг та йæхæдæг фыдæхтауæг зноны байзæддаг у: нæ хæстæ ахæм хуызы дæр фидæм...
- 151 - )о сК ИРОН поэчииы ЙНТОЯОГИ
ИЛАС ÆРНИГОН о^ (1888 — 1938) Нæ иннæ фысджытæй бирæтау стыр хъизæмæрттæ йæ хай фесты Илас Æрнигонæн дæр. 49 азы йеддæмæ йын цæрын нæ бантыст. Уыдонæй дæр 23-йæ фылдæр арвыста йæ уарзон Ирыстонæй иппæрдæй — АаРА Хурыскæсæны. Уым, иудадзыг йæ фыдыбæстæ мысгæйæ, ныффыста йæ уацмыстæ дæр. Илас Æрнигон у Тогызты Иласы фырт Газаччы фæсномыг. Лцы фæсномыгимæ баззади поэт ирон литературæйы историйы. Газакк райгуырди 1888 азы 10 декабры Æрыдоны рæстæмбисцæрæг зæхкусæ- джы хæдзары. Лæппу фыццаг ахуыр кодта сæ хъæуы райдайæн скъолайы, стæй та дины семинары. Каст æй фæци 1909 азы æмæ ахуыргæнæгæй кусын рай- дыдта Куырттаты комы Лæцы скъолайы. 1911 азы ацыди Маньчжуримæ. Йæ райгуырæн бæстæйæ цæмæн фæхауæггаг, уымæн йæ аххосæгтæ бæрæг сты: уырыссаг æвзаджы урокты йе скъоладзаутæн сæ тетрæдты дзырдтæ иронмæ тæлмацгондæи кæй фыссын кодта, уый тыххæй йæм скъолаты инспек- тор гуымиры ныхæстæ скодта, æмæ йæ Газакк къласæй фæдуарæдде кодта. Лхæм æфхæрд ын ин- спектор, ай-гъай, нæ ныббарста. Æрнигоны иæ куыс- тæй систой, стæй хъуамæ ахст æрцыдаид. Гъемæ æвæстиатæй йæхи айста Харбинмæ. Йæ райгуырæн хæхбæстæй фæцух уæвын ын куыд зын уыд, уый равдыста йе ’мдзæвгæты. «Мæ Иры сау къæдзæх, дæ риуыл мæнæн, æвæдзы, нæй фæндаг», — фыста поэт. Фæлæ æцæгæлон бæстæйы дæр къаддæр тухæн- о/ нæ бавзæрста Æрнигон. Ллы горæтты æмæ хъæуты гу V
- 153- куыстагур бирæ рахау-бахауты фæстæ фæлварæнтæ^\\\ радта Владивостокы Скæсæйнаг институтмæ. Каст ^-Л æй фæци 1918 азы. Æмæ та ногæй иу ранæй иннæ с* ранмæ мамæлайы къæбæр самал кæныны охыл цоп- пай. Цицикару Фуляэрды, Эхо, Цаган, Хинган, Бу- хеду, Хандаохедцзы, Харбин — адон сты æфсæнвæндаджы • станцæты нæмттæ. Алы рæстæджыты дзы куыста Æрнигон. 1932 китайаг æвзæргæнджытæм — хунхузтæм — уацары бахауд. Æстдæс боны йæ фæдардтой ахæсты, стæй сын поэ- ты хорз хæлар, йе ’мкусæг Ванняр æхца бафыста (750 китайаг гобийы), æмæ йæ рауагътой. 1934 азы сентябры Илас Æрнигон сыздæхт Ирыс- тонмæ æмæ кусын райдыдта облæсты чиныгуадзæ- ны редакторæй. Фæлæ йæ бирæ цæрын нал бауагъ- той: 1936 азы йæ Хъулаты Хъуыбадыйы (уæд уый куыста республикæйы прокуроры хæдивæгæй, стæй уыдис ОГПУ — НКВД-йы сæрмагонд хъуыддæгты фæдыл прокурор дæр) санкцимæ гæсгæ æрцахстой, «япойнаг шпион», «адæмы знаг», «буржуазон на- ционалист» æмæ йыл æндæр ахæм цыдæртæ æрдау кодтой æмæ йæ фехстой 1938 азы 5 январы. Æрнигон йæ уацмысты æвдыста йæ уды^ристæ, йæ бирæ хъизæмæрттæ, йæ бæллицтæ. Йæ уды ристæ та баст уыдысты йæ фыдыбæстæйы удхайраг уавæримæ. Ирон дзырды аивтæ, фидыцтæ, музыкæ парахатæй рарттывдтой поэты лирикæйы. Нæ нæртон æвзаг йæ мидæг цас цырен зæлтæ, тасгæ- уасгæ, тыбар-тыбургæнгæ диссæгтæ æмбæхсы, уый адæймаджы зæрдæ банкъары фыссæджы рæнхъытæ кæсгæйæ. Æрнигоны уацмыстæ хицæн чингуытæй уагъд æрцыдысты 1960 æмæ 1979 азты, «Æрымыс-иу мæн», зæгъгæ, ахæм номимæ. 1986 азы та йæ по- эзи, прозæ æмæ драмон миниатюрæты чиныг рацы- л" дæууæ ’взагыл — иронау æмæ уырыссагау. ^) «Л
- 154- ДИДИНÆГ Дидинæджы ’рфæнды Хурырдæм кæсын, Арвæй йæм нывæнды Хъазгæ хур йæ тын. Фаг æфсады цардæй Дидинæджы хур. Балæууыд æм дардæй Мыдыбындз мыдгур. Дидинæг æм хъазы, Бонджын у мыдæй,— Мыдыбындз дæр нуазы Царды хос зыдæй. ФЫД ЙÆ ФЫРТÆН ФÆДЗÆХСЫ Хъæддаг сырдæй, мæ хур, зæххон лæг нæу Нырма зынгæ уæлдæр йæ цардæй. Фæлæ йæ ныхмæ фидар лæуу Мæнау æд топп, æд кардæй. Зынаргъ уа хъуамæ саргъы бæх лæгæн, Куыд у зынаргъ йæ базыр маргъæн. Фæлæ мæ фæстæ хорз аргъ кæн Дæ бæх æмæ дæ саргъæн. Чысылæй саби ку’ уаид мадæй цух, Уæд ын-иу мæй дæр тын нæ уафид. Дæ мадмæ ратт, мæ хур, дæ къух, Ныр ын йæ фæллой бафид. Зæххыл йæхи бæстæ, лæджы хуызæн, Фылдæр йæ мадæй уарзы маргъ дæр. Загъ-ма, мæ хур, цы дын уыдзæн Дæхи бæстæй зынаргъдæр?
- 155- \/1 Мæрдты дæ бæхæн уæд нæдæр цæуæн, \~\1 Л-^ Нæдæр ын уæд фæндиаг сирæн,— ^л /° Ды мын нæ хæхты ’хсæн фыртæн Куы нæ сбæззай нæ Ирæн! СИДЗÆР Саби сидзæрæй Къæйыл аззади,— Кæд йæ уарзон мад Бирæ н’ асади. Саби сидзæрæй Ныр цы бауыдзæн?— Кæд фыдæбæттæй Цард уæззау уыдзæн. Цард фыдæбæттыл Кæд рæдау уыдзæн,— Зæрдæ сау низæй Риуы ссау уыдзæн. Й’ амонд куыйтимæ Дуармæ ссардзæни. Цард ын дзаг фынгæй Стæг æппардзæни. Адæм сабимæ Схуыстæй дзурдзысты, Дард æй йе ’мгæрттæ Дуртæй сурдзысты. Кæд нæ фесæфа, Кæд фæхъомыл уа, у^ Сидзæр адæмæн Хорз цæй номыл уа? °\
- 156- Маст йæ зæрдæйы Фидар бавæрдзæн, Искуы йе знæгты с^ Уый дæр бафæрсдзæн! СТÆЙ КУЫД!.. Уарзонмæ курæг, Фыдимæ дзурæг Уарзонæй уыд... Стæй куыд! Дуарæй йæ суры, Дардæй йæм дзуры Чызгæн йæ фыд, Стæй куыд! «Згъорæд, æрзилæд, Ссарæд йæ ирæд»... Давын æй хъуыд... Стæй куыд! Давгæ йæ ’рцахстой, Фидар æй сбастой... Сæфыныл уыд, Стæй куыд! Дард æй фæтардтой, Хурхæй йæ мардтой... Бонтæ йыл цыд, Стæй куыд! Чызг æм кæм касти,— Моймæ фæраст и, Схъæздыг йæ фыд. Стæй куыд! Хъуаг нæу зæрондæй Мад дæр фыдбонтæй, Дарын æй хъуыд. Стæй куыд! I Зæрдæ фæрисдзæн, р Рæхыс æрисдзæн, Диссаг йæ куыд, Стæй куыд!
- 157- Г" ХÆРЗБОН )о Хæрзбон, хæрзбон, мæ цард мæ суры, о( Фæрыст мæ зæрдæ ’мæ цæуын... Фæстаг хатт абон æз уæ цуры Лæууын, мæ хæхтæ, ’мæ кæуын. Мæ Иры сау къæдзæх, дæ риуыл Мæнæн, æвæдзы, нæй фæндаг. Уæд та фæкæуон, цæй, мæхиуыл Фæстаг хатт абон æз мæ фаг. Цæуын, цæуын, æрмæст уæ разæй Нæ хæссы, оххай, мæн мæ къах. Фæстаг хатт абон сæрæгасæй Уынут, мæ хæхтæ, мæн сымах. Цæуын, цæуын, æрмæст, дæ-да-дæй, Мæ хæхтæй дард цы у мæ цард? Æрцæудзæн искуы тагъд æгадæй Мæнæн фыдраны дард мæ мард. Кæсын фæстæмæ смахмæ дардæй, Мæ фæстæ смах кæсут æнцад,— Кæсы хъæбулæн дардмæ ’нкъардæй Йæ фæдыл афтæ ’рмæст йæ мад. Æллæх, мæ бон цæрынæй уемæ Мæнæн нæ бафсæсти мæ уд! Хæссын уæ хуыз мæ риуы мемæ Бæлвырдæй æз... Хæрзæбон ут! мыст Буц цардæй йæ бæстæй Ралыгъди мыст дард. )о Сусæгæй, æмбæхстæй с^ Æрвыста йæ цард.
- 158- Хордонæн йæ быны Арф хуынкъмæ ныххызт, Дзаг гонтæ нæ уыны,— Бакуырм уа нæ мыст! БÆЛАС Иппæрд лæууыди Иу бæлас къохæй, Домбай нæ уыди, Сфæлмæцыд тохæй. Цух уыди бæлас Аууонæй сæрды. Тынг цыдис ал’ аз Дымгæйæ ’фхæрды. Тала уыд бонтæй, Чъиу ыл нæ зынди. Сидзæрмæ сонтæй Йе сæфт æрзылди: Айдзаг арв мигъæй, Баталынг бон дæр, Аззади джихæй Сидзæр бынтондæр. Алырдæм хъæдыл Дымгæ ныууасыд, Бæстæ йæ фæдыл Зæхмæ ныттасыд. Мигъты Цæгатæй Æрдузмæ суры. >о Арв дæр—дæ-да-дæй! — Зæххимæ дзуры.
- 159- \у] Сидзæры дымгæ ^Т\] Л-^ Фондзырдæм тасы, ^-Л /° Къалиутæ ’лвынгæ °\ Сидзæрыл уасы. Дымгæ нæ фæцис,— Арв æй æрцавта, Зæхмæ йын йе ’мбис Йемæ ныддавта. Арвæй йæ сау мигъ Састæй ныууыдта, Иуцъусдуг аджих, Стæй йыл ныккуыдта. Уымæй æгасæй Абон гæмæхæй Михæмбæрц асæй Схъис зыны зæххæй. Уалæ йыл халон Иунæгæй бады. Мæрайы уаллон Йе стонг æфсады. КУЫ ’РКАСТÆН... Куы ’ркастæн, о мæ Ир, дæ хатмæ, Куы федтон талынджы дæ цард,— Уæд сонтæй рагуалдзæг Цæгатмæ Фæраст дæн гарзагур æз дард. Мæ Ирмæ домбайау тыхджынæй Фæстæмæ ссæуинаг уыдтæн,— Нæ бæстæй хъæлдзæгæй, ныфсджынæй Цæгатмæ зондагур цыдтæн.
- 160- Цы фæци сау лæппу, цы ссардта,— Кæм и йæ хорз, кæм и йæ хæст? Хæстæн æй уарзон мад ныййардта, °^ Нæ радта хорз амонд æрмæст. Мæ фæстæ, о мæ Ир, æфсады Нæ цъити рацыди мæнæн: Æнæнхъæл сау изæр Цæгаты Фæндагыл уады бын фæдæн. Мæ ныфс мын сау дымгæ фæхаста, Мæ фæндтæ нал ысхастой рæз: Кæмдæр сæ сау лæппу ныббаста, Кæмдæр сæ бавæрдта бынуæз. Бæласыл сау дымгæ куы ’рцæуа, Куы ныууой къалиутæ хæрзпырх,— Фæззæг ма цардхуызæй куыд лæууа, Куыд хъаза хорз дыргътау йæ дыргь? ИСТЫ ЗÆГЪУТ Ис нæ иу балцы, Схæсдзæнис алцы, Тас уæд йæ уд,— Исты зæгъут! Бонтæ йыл уайы, Хорз сæ нымайы Къонайыл мад Алы сахат. Рæхыс æрисы, Хъарджытæ сисы, Стæнæг йæ уд,— )о , Исты зæгъут!
- 161- >о «ЦÆЙ, МÆ БÆХЫЛ...» ^ Цæй, мæ бæхыл райсом бонæй о( Раджы бавæрон æз саргъ, Кæд иронæй, кæд хæххонæй Исчи махæн скæнид аргъ. Рогдæр уадæй уый нæ коммæ Сом йæ барæджы хæссид, Кæд иронмæ, кæд бæлццонмæ Й’ амонд искæцæй кæсид, Хизид, хизид мæн æгадæй Куыд йæ барæджы мæ бæх: Рогдæр уадæй, сом йæ уадæй Ризид уæлдæф, змæлид зæхх. Тагъд куы ссарид райсом хæхтыл Лæгъз йæхицæн уый фæндаг, Кæд мæ бæхæн уæд йæ къæхтыл Цæст нæ хæцдзæни, мыййаг. Мах куы ’руайæм райсом дардæй Иу ран рудзынджы рæзты,— Кæд кæсдзысты уæд æнкъардæй Махмæ сау дыууæ цæсты. Цæй, мæ бæхыл райсом бонæй Раджы бавæрон æз саргъ, Кæд иронæй, кæд хæххонæй Исчи махæн скæнид аргъ. ÆРЫМЫС-ИУ МÆН Ныууагътай дæ фæстæ Ды сонтæй дæ бæстæ,— Æрымыс-иу мæн... Изæрæй фæлладæй Фæндагыл æнцадæй Куы зарай «дæ-да-дæй» Дæ уарзон бæхæн,— Æрымыс-иу мæн... 11 Мах дуг № 10, 2003
- 162- Куы ’ркæса дæм дардæй Мæй арвæй æнкъардæй,— Æрымыс-иу мæн... °^ Дæ хорз бæх куы стайа Дæ быны, куы сайа Дæу аууон, куы уайа Дæ цæстыл ингæн,— Æрымыс-иу мæн... Фæндагыл куы кæнат Фæлладæй æхсæвуат,— Æрымыс-иу мæн... Йæ митæ фæуыны Хуыссæг лæг йæ фыны: Дæ нымæт дæ быны Куы ’ркæнай фæлмæн,— Æрымыс-иу мæн... Ды искуы фæндагыл Куы фембæлай знагыл,- Æрымыс-иу мæн. Фæхæцай, нæ хæцай, Дæ риуыл куы хæцай, Дæ туджы куы мæцай Нывонды хуызæн,— Æрымыс-иу мæн... УАСТЫРДЖИ Бонæй-æхсæвæй мах балцы хæдзарæй Дардæй-хæстæгæй кæдæмфæнды цом,— Давæгæй, раст лæгæй, знагæй, хæларæй — Иууыл дын, Уастырджи, арынц дæ ном. Ракæс нæм рухс цæстæй, ракæс нæ хæхтæй, Д’ арфæ нæ Ирæн æнæвгъау ды зæгъ, скафæд, ма схъазæд, оххай, йæ къæхтæй, Сызгъæрин Уастырджи, махыл дæ бæх!
- 163 - АРФÆ РАКÆН ^УП Арфæ ракæн, арв, нæ бæстæн, °^ Арф дæ фарнæй бамбæрз мах. Арв, нæ бæстæм, арв, нæ фæзтæм Амонд арæхдæр ыздах. Цардæй бафсад, арв, нæ Иры, Ратт нæ бæстæн, арв, бæркад, Арв, нæ Иры фос уæд бирæ, Хос уæд арæх, хор уæд зад. Тав дæ хурæй, арв, нæ хæхты, Рухс дæ рухсæй уæд нæ ком. Кæн нæ хæхты, кæн нæ рæгъты Ирæн уарзон ды сæ ном. Арфæ ракæн, арв, нæ бæстæн, Арф дæ фарнæй бамбæрз мах. Арв, нæ бæстæм, арв, нæ фæзтæм Амонд арæхдæр ыздах. т о<
Цъары фæрстыл: /. Чермен. 3. Æфсати. 4. Едзиты Сослæнбег. * * * Технический редактор Виктория БОРАЕВА Корректор Заира КАРАЦЕВА Компьютерный набор Альбина ДАТИЕВА Компьютерная верстка Ирида КОДЗАТИ Дизайн Залина ГУРИЕВА * * * Журнал зарегистрирован врегиональном Управлении ГКРФ по печати в РСО-А. Регистрационный номер Ш-0132 Журналы цы æрмæг рацæуа, уымæй æндæр мыхуырон оргæн куы пайда кæна, уæд хъуамæ амынд уа, «Мах дуг»-æй ист кæй у, уый. Журналмæ цы къухфыстытæ цæуы, уыдон редакци рецензи нæ кæны, стæй сæ автортæн фæстæмæ нæ дæтты. Учредители: Комитет РСО-Алания по печати и делам издательств, Союз писателей РСО-Алания Подписано к печати 17.10.03. Формат издания 60x841/16. Бум. офсет. № 1. Гарнитура шрифта Муг1. Печать офсетная. Усл. п. л. 10,25 Учетно-изд. л. 7,71 Тираж 2100 экз. Заказ № 143. Адрес редакции: 362025, г. Владикавказ, ул. Фрунзе, 24. Телефоны: 53-69-66; 53-31-58; 53-69-62; 53-31-24, 53-65-86. Журнал отпечатан на Республиканском издательско-полиграфическом предприятии им. В А. Гассиева 362011, г. Владикавказ, ул Тельмана, 16