Агъниан. Æмбисæндтæ, таурæгътæ, зонды ныхæстæ, æцæг хабæрттæ
Леонтий Стедер. Бонычиныг
Джусойты Майæ. Æмбисонды хабæрттæ
Джох æмæ Дзæгъгъо. Фысджытæ худынц

Tags: журнал   мах дуг  

ISBN: 02064162

Year: 1993

Text
                    Сæйраг редактор
ХЪОДЗАТЫ Æхсар
Редколлеги:
ÆГЪУЫЗАРТЫ Æхсарбег
АГЪНАТЫ Гæстæн
ГУСАЛТЫ Барис (бæрнон
секретарь)
ДЖЫККАИТЫ Шамил
КОКАЙТЫ Тотрадз
ТЕМЫРАТЫ Давид
ХОДЫ Камал
ХУЫГАТЫ Сергей
ЦЫРЫХАТЫ Михал
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ФЫСДЖЫТЫ
ЦÆДИСЫ ÆРВЫЛМÆИОН ЖУРНАЛ
НАША ЭПОХА
ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ
ЖУРНАЛ СОЮЗА ПИСАТЕЛЕЙ
СЕВЕРНОЙ ОСЕТИИ
Корректор Хъæрæцаты Зæирæ
Тех. редактор Кокойты Эльзæ
Журнал цæуын райдыдта 1934 азы майы
ДЗÆУДЖЫХЪÆУ, 1993


НОМЫРЫ ИС: НОГ ТÆЛМАЦТÆ Паоло Джакометти. Лæгмары бинонтæ. Фондзмион драмæ $ Бекмæрзты Афон. Ивгъуыды сагъæстæ. Æмдзæвгæтæ . 53 Джыккайты Шамил. Зæхх. Ирон хабар .... 56 Хъайтыхъты Азæмæт. Къасарайаг зарджытæ. Æмдэæвгæтæ 66 Скъодтати Эльбрус. Стъалути фæд. Æмдзæвгитæ . . 67 СФÆЛДЫСТАДОН БЫНТÆ Агъниан. Æмбисæндтæ, таурæгътæ, зонды ныхæстæ, æцæг хабæрттæ 71 Леонтий Стедер. Бонычиныг. 96» ХУДЫНДЗÆГ Джусойты Майæ. Æмбисонды *абæрттæ . , . . 113 Джох æмæ Дзæгъгъо. Фысджытæ худынц . . . 114 Учредители: СП СОССР, СОИГИ и коллектив редакции Сдано в набор 3.03.93. Подписано к печати 12.08.93. Формат бумаги 60х8471в. Бум. тип. № 3. Гарн шрифта литературная. Печать высокая, Усл. п. л. 7,2, Усл. кр. отт. 7,37. Учетно-изд. листов 7,48. Тираж 5000 экз. Заказ ЛЪ 115. Цена 2 руб. Адрес рсдакции: 362040, г. Владикавказ, пр. Мира, 25. Телефоны: 3-69-66; 3-69-62; 3-31-58; 3-31-24. Газетно-журнальная тнпография Госкоми- тета СОССР по делам издательств, ло- лиграфии и книжной торговли. 362015,, г. Владикавказ, пр. Коста, 11. © Мах дуг №4, 1993
Ног тæлмацтæ ПАОЛО ДЖАКОМЕТТИ Итайлаг драматург Паоло Джакометти (1816—1882) фы- ста историон драмæтæ («Торквато Тассо», «Мария Антуанет- тæ», «Христофор Колумб», «Микеланджело Буонаротти»), комедитæ. Уæлдай кад уыд йæ комеди «Поэт æмæ балери- нæ»-йæн. «Лæгмары бинонтæ» йæ рæстæджы уырыссаг æв- загмæ раивта А. Н. Островский æмæ йæ æвдыстой театрты. ЛÆГМАРЫ БИНОНТÆ Фондзмион драмæ Архайд цæуы рæбинаг Калибрийы муртаттаг Бурбонты заманы. Мн æвдисыиц: К о р р а д о. Арриго Пальмиери, философийы доктор. Джиоакино Руво, дины сæр. Дон Фернандо. Г а э т а н о. Р о з а л и я. Э м м æ. Агатæ. 3
ФЫЦЦАГ АРХАЙД Докторы парахат хæдзары. Хъæздыг, фæлæ уæздан хæдзарыдзаума. Астæуæй — æддæмæ ахизæн дуар. Фæйнæ фæрсты цы æртæ дуары ис, уыдон сты цæхæрадонмæ, чиныгдонмæ, мидæггаг уæттæм. ФЫЦЦАГ ФÆЗЫНД Дон Фернандо æмæ Агатæ. Д о н Ф е р н а н д о. Уæдæ мæ уайтæккæ дæр базыдтай, зæгъыс? А г а т æ. Куыннæ дæ базыдтаин, дæ хъомылгæнæг æз уыдтæн, мæ хъæ* бысы ралæг дæ. Ф е р н а н д о. Æниу мæ куыннæ базыдтаис, мæ фыдыфсымæр мæ арды- гæй Катанимæ куы федде кодта, ахуырмæ, уæд мыл æнæхъæн фынддæс азы куы цыди, стæй ноджы... Агатæ. Æмæ уæдæйардæм дæр чысыл азтæ нæ азгъордта. Æрбакæс- ма, дон Фернандо, æз куыд базæронд дæн, уымæ. Ды та уыцы æрыгонæй баззадтæ. Ф е р н а н д о. Уæдæ, фырдисæй дæ дзых хæлиуæй дæр уымæн аззади, куыддæр мæ ауыдтай, афтæ! Агатæ. Цытæ дзурыс! Æз дис бынтон æидæр цæуылдæр фæкодтон — дины ахуыр, зæгъын, куыннæ райста. Ф е р н а н д о. Гъер дæ бамбæрстон. Ды æнхъæлдтай, зæгъгæ, æз æр- баздæхдзынæи Хуыцауы минæварæй, зæгъæм, прелатæй. Афтæ нæу? А г а т æ. О, цас фæкуывтон уый охыл бæрзонд Дженнаромæ! Фернандо. Бузныг дæ фыдæбонæй! Табу Бæрзондылбадæгæн, дæ куывдтытæ дын кæй ницæмæ ’рдардта, уый тыххæй. А г а т æ. О, Хуыцау! Мæнæ йæ дзыхæй цытæ хауы! Ф е р п а н д о. Рæстуд лæджы ныхæстæ, мæ дзæбæх хъомылгæнæг. Цы- фæнды куыстмæ дæр зæрдæ нæ райы, зæгъгæ, уæд дзы мур дæр ницы ра- уайдзæн. Ды рæстытæ дзурыс: мæ бæрзонд хæстæг монсиньор Джиоакино Руво мæнæй саразынвæнд кодта дины лæг. Катанийæ мæ Римы дæр уымæн балæууын кодта йæ кардинал-æфсымæры хæдзары. Фæлæ йæ фæсайдтой йæ фынтæ. Гæрзарм цæмæ уыдтæн, уый —æхца хардз кæнынмæ, ахуырмæ — къаддæр, мæхи ирхæфстон, фыдуаг митæм та уæлдай æмхиц уыдтæн. Гъемæ, католичы бæсты, мæ фыды ’фсымæрмæ ’рбамидæг дæн гæзæмæ-гæзæмæ чы- рыстон адæймагæй, тынг дис кæнын, уый дæр мæ къухы куыд бафтыди. А г а т æ. О, ме Скæнæг, цытæ хъусын ай? Уыдæттыл дæ фæцахуыр код- тон ныр, цымæ! Мæ удæй арт куы фæцагътон, цæмæй мацы тæригъæды бацæуай æнæнхъæлæджы! Дæ риуыл дын дины чингуытæ æмæ дзуæртты хуызистытæ цас фæцауыгътон! Оу, мæнæ мæ Хуыцау куыд ралгъыста демæ! 4
Ныр дын дæ ныхæстæм дæ фыдыфсымæр монсиньор Руво куы ’рбайхъусид, уæд мæстæй нæ атонид. Уый цур-иу уæддæр дæхи равдис цъус уæздандæ- рæй! Фернандо. Дæлимонтæй дын ард хæрын, æз Римы хуыртæ не ’хсæ- стон, цæстмæмитæ æмæ мæ фæливынæй ничи амбулдзæн. Мæнæ ныртæккæ ам дæр æххæст кæнын монсиньор Рувойы ныстуан, зилын иу адæймаджы фæдыл: зæгъ-ма уæдæ уæд — цæмæй нæ дæн замманай католик? А г а т æ. Иу адæймаджы фæдыл зилыс? Ф е р н а н д о. 0, агурын æй. Стæй стыр æхсызгонæй, уымæн æмæ ны- хас цæуы сылгоймагыл. Агатæ. Сылгоймагыл? А, чи зоны... о, æвæццæгæн... æнну, уьщы ны: стуан дæу бар кæнын цæмæн хъуыд... æниу, Монсиньор Руво рæднгæ никуы фæкæны. Æз та, мæ мæгуыр зæрдæйæ, афтæ банхъæлдтон, зæгъын, доктор Пальмиери æмæ мæн абæрæг кæнынмæ фæзындтæ. Дæ сабибонтæ докто- римæ арвыстай... Фернандо. Раст зæгъыс иуырдыгæй, бæллыдтæн дæу фенынмæ дæр æмæ докторимæ дзæнгæда ацæгъдынмæ дæр. Фæлæ хъуыддаг уый мидæг и, æмæ доктор Арриго Пальмиери, мæ сабибонты хæлар, Катанийæ сусæгæн цы сылгоймаджы раласта æмæ ам Калибрийы тарфы кæй бамбæхста, уый баэонын мæм бирæ цымыдисагдæр кæсы. Чи у? Иæ ном цы хуыйны? А г а т æ. Чи у, уый ничи зоны. Иæ ном? Розалия. Фернандо. Розалитæй фылдæр Сицилийы цы ис, æз дзы мæхæдæг кæй зыдтон, уыдонæн мæ сæ нымæц дæр ферох. Ды-ма мын зæгъ: уыцы Розалия чызг у? А г а т æ. Æмæ йын цы зонын. Фернандо. Моймæдзыд у? А г а т æ. Æмæ йын цы зонын. Фернандо. Иæ лæгæй рахицæн? А г а т æ. Æмæ йын цы зонын. Ф е р н а н д о. Уыдæттæн ницы зоныс. Омæ уæд та — рæсугъд у? А г а т æ (йе уæхсчытыл схæцгæйæ). Æмæ-гъа... Ф е р н а н д о. Æниу дæ уымæй дзæгъæлы фæрсын. А г а т æ. Уæд цæмæн? Фернандо. Зыбыты иунæг зæронд ус дæр ацы фарстайæн дзуапп нæ ратдзæн, мæнæ дæуау йе уæхсчытыл хæрдмæ схæцдзæн. Цæй, йæ рæсугъд- дзинад ын мæхæдæг сбæрæг кæндзынæн. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ ацы æбæрæг сылгоймаг, мæ фыдыфсымæр монсиньор Рувойы хъуыдымæ гæсгæ, йæхи фаг æгъдауджынæй не ’вдисы. Æмæ мæ фыдыфсымæр та, аргъуаны сæр уæвгæйæ, уыцы хъуыддагмæ хъуамæ йæ цæст тынг карзæй дара. Уæл- дайдæр, амы адæм æнæуый дæр зындгонд сты сæ æнæхъуаджы фырнымд æмæ дам-думгæнагæй. Агатæ. Дам-думтæй цы зæгъыс, уый зæгъ. Уæдæ æз цæмæн лæгъстæ кæнын Мадымайрæмæн æрвылбон. Тагъддæр ма куы аирвæзин ацы хæдза- рæй, æнæ фæтæригъæдджын уæвгæйæ. 5
Фернандо. Æмæ цæуыннæ ацæуыс? А г а т æ. Нæй мын бар, Æз ацы хæдзары цæрын монсиньор Рувойы бардзырдмæ гæсгæ. Монсиньор та у мæ сыгъдæг фыд. Фернандо. Цыдæр æлхынцъытæ хабар у. Мæ фыдыфсымæр æмæ доктор, ацы хæдзары хицау, истæуыл фæзулдзых сты? А г а т æ. Нæ зонын. Ф е р н а н д о. Æмæ сын, цымæ, цы уарииаг и? А г а т æ. Ехх, дон Фернандо! Бæлвырд хабæрттæй мæ ма бафæрс, уы- дæтты кой уæздан адæймагыд нæ фидауы. Ф е р н а н д о. Гъемæ дæ уæд та афтæ фæрсын: цæй тыххæй дæ дары ацы «зындоны» тæккæ къæсæрыл дæ сыгъдæг фыд — монсиньор Руво? Ау, дуаргæс уай? А г а т æ. Нæ, дон Фернандо. Æз зылын дæн Хуыцауы раз, æмæ цæмæй мæ тæригъæдтæй фервæзон, уый тыххæй мын монсиньор равзæрста дцы фæлварæн. Ф.ернандо. Дзырдхæссæджы фæлварæн. (Иуварсмæ). Рагацау æй мæ хæлары, докторы, хъусты куы бацæгъдин. А г а т æ. Мæн куы ауадзис, хъуыддæгтæ мæ ис... Ф е р н а н д о. Фæлæуу, чысыл цæмæйдæрты ма дæ афæрсон... Æрмæст адæмымыггаг дзуаппытæ дæтт, дæ уæхсчытæ ма тил фæлæ. Дæ фысымæн бинойнаг уыди, докторæн? А г а т æ. Куыннæ йын уыд, фæлæ раджы амарди. Фернандо. Кæм амарди? А г а т æ. Мæнæ ацы хæдзары. Доктор Пальмиери йæ чызгимæ Ката- нимæ цæрынмæ куы ацыди, уымæй дыууæ азы раздæр. Мæлгæ дæр уыцы чызджы аргæйæ акодта. Ф е р н а н д о. Катанимæ? Æз уырдыгæй куы рацыдтæн, уый фæстæ, æндæра куыннæ сæмбæлдыстæм. Æмæ уый фæстæ хъуыддаг нал бакодта мæ хæлар? А г а т æ. Æмæ гъа! Ф е р н а н д о. Уæддæр та «æмæ гъа»! А г а т æ. О, ме Скæнæг! Омæ дын, уæдæ, цы зæгъон? Фернандо. Нæ фæлæ æгæр дæр ма дзурыс, куыд дæм кæсын, афтæ- мæй. Уæдæ афтæ: уæвæн ис, æмæ дыккаг ус ракуырдта? А г а т æ. Гм... Ф е р н а н д о. Чи зоны, сусæгæй? Зæгъæм, Розалийы? А г а т æ. О, фæлæ... Ф е р н а н д о. «Гм...» «о, фæлæ!..» Барæй мын мæ сæр дзæгъæлтæ кæ- ныс, æви? А г а т æ. Мæн ницы кæсы сæ хабæрттимæ. Фæнды дæ йæ фенын уыды æбæрæг сылгоймагæн? Уæртæ и! (Амоны, галиуырдыгæй цы дуар ис, уыцыр- дæм.) Ф е р н а н д о. Дзæбæх æй нæ уынын. Цыдæр чызг йемæ. Чи у? Иæ чызг у? Æви докторы чызг у? 6
А г а т æ. Ннцы йын зонын. Фернандо. Дæлимонтæй дын ард хæрын, ам цыдæр ис! Мæнæн та ахæм куырмæдхынцъ хабæрттæ йеддæмæ мацы авæр, гъемæ йæ куы рай- халон... А г а т æ. Нæ йæ райхалдзынæ. Ф е р н а н д о. Цыфæнды уа, уæддæр... Сабыр, ацырдæм æрбацæуынц. Нæхи уал иуварс айсæм. (Сценæйы арфмæ ацæуынц). ДЫККАГ ФÆЗЫНД Розалия, Эммæ, Фернандо, Агатæ. Розалия (Эммæйы къухыл хæцы). Уæд та цæхæрадоныл азилик- кам, мæ дзæбæх Эммæ? Дидинджытæ ’ртонæм?.. Э м м æ. Стыр æхсызгонæй. Иу дзæбæх чъина саразæм дидинджы- тæй, æмæ йæ æз папайæн балæвар кæндзынæн, йæ рынчынтæй йæ куы рав- дæла, уæд. Æз ын< дидинджытæ, уый та мын — батæ, мæнæн бирæ пайда- дæр у. Р о з а л и я. О, ныййарджыты батæ Хуыцауы хорзæх сты. Ацы хъуыд- даг уæлдай тынгдæр сæ зæрдæмæ хæссынц, ныййарджыты рæвдыдæй чи фæцух вæййы, уыцы сабитæ. Э м м æ (æнкъардæй). Æз дæр мæ фыды рæвдыд йеддæмæ ницы зо- нын. Р о з а л и я (æваст). Цом, цом цæхæрадонмæ. (Дуары ’рдæм фæцæй- цæуынц). Ф е р н а н д о (хæстæг сæм бацæуы). Ныххатыр кæнут, кæд уæ... Э м м æ (сусæгæй Розалияйæн). Цавæрдæр лæг. Чи у? Р о з а л и я. Кæмдæр æй, цыма, федтон. Фæлæ... Ф е р н а н д о. Агуыырдтон... уæздан нæ разындтæн... (Агатæйæн.) Цыма йæ зонын, афтæ мæм кæсы. Агатæ. Æцæг? Р о з а л и я. Ныххатыр кæн, хорз лæг, æнхъæлмæ мæм кæсынц. А г а т æ. (йæхицæн). Чи уа, цымæ? Ф е р н а н д о. Ныххатыр кæнут, æрмæстдæр иунæг минут! Ныр уы- нын, мæ зæрдæ мæ кæй нæ фæсайдта, уый. Мах зонгæ уыдыстæм Катани- «ы. Р о з а л и я. Нæ хъуыды кæнын, синьор. Ф е р н а и д о. Дон Фернандойы нал хъуыды кæныс, уæ фыдмæ-иу арæх куы бауадтæи, хæларæй куы цардыстæм дæ... Розалия. (æваст ын йæ ныхас фескъуыны). Уæвæн ис, кæй зæгъын æй хъæуы... о, афтæ мæм кæсы, цыма... фæлæ уал азы... Ф е р н а н д о. Цыппæрдæсмæ ’ввахс... Р о з а л и я. О, цыппæрдæс. Ф е р н а н д о. Чн ’нхъæл уыди, ахæм амондджын æмбæлд фæкæн- дзыстæм... Ацы чысыл зæд та дæ чызг у? 7
Э м м æ. Нæ, синьор, æз нæ зонын мæ мады, амарди, æз куыддæр ду- немæ фæзындтæн, афтæ... Уый тыххæй мын мæ цард æппындæр ад иæ кæ- ны! Æви хæрз æдылы дæн! Кæд мæн аххосæй бацыди мæрдтæм! Фернандо. Мæгуыр йæ бон!.. Э м м æ. Ехх, цæй тынг мæ фæнды, мæхи дзæбæх Розалия мæ мад хуы уаид, уый! А г а т æ (йæхицæн). Æмæ дæ мад куы у. Эммæ. Уæд ацы зæрдæрыст нæ бавзæрстанн. Иууылдæр мыи афтæ дзурынц, лæмæгъ, дам, дæ, алцы дæр, дам, дæ зæрдæмæ хæссыс, кæугæ дæр арæх фæкæнын.... Уымæн æмæ нæу мæ бон ферох кæнын... Куыд- дæр мæ зæрдыл æрбалæууы. мæ мад мæн аргæйæ кæй амарди, йæ адзолы аххос æз кæй дæн, уæд мæхицæн адæргæй бынат нал фæарыи æмæ мыл дуне баталынг вæййы. Æмæ ма мæ фыд куы нæ уанд... хæларзæрдæ, уæз- дан, уарзы мæ йæ удæй фылдæр, æдзух мæн рæвдауын йеддæмæ >шды кусы... Фернандо. Уæдæ, ды доктор Пальмиерийы чызг дæ! Э м м æ. 0, синьор. Фернандо. Мæ сабибонты хæлары чызг? Р о з а л и я (дисгæнгæ). Дæ хæлар у? Э м м æ. Ау, зоныс мын мæ фыды? Уарзыс æй? Мæнæ мын цы ’хсыз- гон у! Зæгъ ма, æцæгæй дæр зæды хуызæн нæу мæ фыд? Ф е р н а н д о. 0, стæм сты Пальмерийы хуызæн адæймæгтæ. Æмæ мæнæ уæ дыууæмæ кæсгæйæ æмæ хъусгæйæ, æз æрцыдтæн ахæм хъуыды- мæ: йæ уæздан æмæ парахат зæрдæйы тыххæй йын Хуыцау балæвар кодта* аккаг хорзæхтæ. Æцæгæй дæр æй ныр æрхъуыды кодтон, чызг ын кæй уыди, уый. А г а т æ. Нæ дын дзырдтон, синьор, чызг ын уыдис, зæгъгæ... фæлæ йыл азтæ куыд цыдысты, афтæ йæ бакаст æндæрхуызон кодта. Уæлдайдæр та йæ цæстытæ, раздæр сау уыдысты, ныр та йын æрвхуызцъæх систы: йæ- хъомылгæнæг загъта афтæ, хъомылгæнæг та, мæхицæй йæ зонын, рæди- гæ никуы фæкæны. Фернандо. Сыгъдæг Дженнаройæн зын ницы у. А г а т æ. Æвæццæгæн, афтæ дæр у. Р о з а л и я. Уымæй цы зæгъынмæ хъавыс, дзæбæх Агатæ? А г а т æ. Æппындæр ницы. Æз зæгъын, адæмæй сæдæ хатты цы фе- хъуыстон, æрмæстдæр уый. Розалня. Æгæр бирæ уарзыс радзур-бадзуртæ... фæлæ нæ ныр ссæрибар кæн дæ ныхæстæй æмæ дæхи хъуыддæгтæм бавнал, уымæн æмæ..~ А г а т æ. Ме хæс у дæ бардзырдмæ хъусын. Р о з а л и я. Æз дæ кургæ кæнын... А г а т æ. Æмæ бардзырд цæй тыххæй ма хъуамæ раттай. Ацы хæ- дзарыл дæ бар, мыййаг, нæ цæуы? Р о з а л и я. Ацы хæдзарыл цæуы æрмæстдæр иу адæймаджы бар. А г а т æ. Гъемæ иу дæр фæуæд. 8
Э м м æ. Афтæ хорз нæу, Агатæ! Æдзух схуыст ныхас кæныс. Гъеныр цытæ ралæхурдтай — сау цæстытæ, цъæх цæстытæ! Цæстытæ мын радта Хуыцау æмæ сын сæ хуыз раивын дæр йæ бон у. Мæ зæрдæмæ нæ цæуы, æдзух Розалияйы кæй æфхæрыс, уый. Хæларзæрдæ куы у, æз мады ад уы- мæй базыдтон, стæй йæ уарзгæ дæр кæнын, раст цыма мæ ныййарæг мад у, уыйау. А г а т æ. Кæс-ма, дæ хорзæхæй!! Э м м æ. Ацу, нæ дæ уарзын. Агатæ. Цæуын, цæуын! (Цæугæ-цæуын, йæхицæн.) Сдзырд сæм куыннæ и ацы дзæгъæлзадтæм! (Ацæуы). Ф е р н а н д о. Сæхицæй хæрзæгъдау куыд аразынц ацы усбирæгътæ. Р о з а л и я. Фæразын хъæуы. Ф е р н а н д о. Радзур-ма мын, уæдæ, ныр, синьора Розалия, дæ би- ионты хабæрттæ, стæй... Розалия (амоны йын, мацы дзур, зæгъгæ). Эммæ, ныхас мæ ис дон Фернандоимæ, нæ дæ фæнды цæхæрадоны атезгъо кæнын? Э м м æ. Æвзæр нæ уаид: дидинджытæ дæр æртонон, цалынмæ мæ фыд нæма ’рбацыди, уæдмæ. Фенынмæ, РозалияН Дзæбæхæй баззай, дон Фернандо! Ф ер н а н д о. Фæндараст, уæларвон зæд! (Эммæ ацæуы.) Тынг æф- сæрмы кæныи, æгæр дæ кæй тыхсын кæнын, уымæй... Эммæйы дæр ам уагътаис... Æви дзы нсты сусæггаг и нæ ныхасы? Р о з а л и я. Чызг .мæ ивгъуыд царды хабæрттæн ницы зоны. Уыцы хабæрттæ та ахæм æрхæндæг сты, æмæ, дæ фарстытæн дзуапп дæтгæйæ, тæссаг у, йæ уæздан зæрдæ йын æгæр куы бафхæрон, уымæй. Мæгуырæг, ахæм уарзтæй мæ уарзы, æмæ... Дæхæдæг дæр уыдтæ æвдисæн. Фернандо. О, фæлæ йæ æз уæддæр не ’мбарын: дæуæн лæг кæй уыди, уый куы базона, уæд уым рафауинагæй цы ис? Дæ лæг абон дæ цу- ры кæй нæй æмæ ацы хæдзары дæ уавæр сæ хæрзтæй кæй нæу, уыдæттæ хынцгæйæ, æз æнхъæлын, æмæ дæ лæг амард — кæд ма исты хъуыды кæ- нын, уæд. Р о з а л и я. Æмæ кæд æгас у, уæд та? Ф ер н а н д о. Уæд та, æвæццæгæн, мæн мæ зæрдæ фæсайдта, æндæр кæимæдæр дæ фæивддзаг кодтон. Æмæ уæд уый æндæр хъуыддаг у... Кæм и, цы, ’рцыди? Хицæн аистут? Р о з а л и я. Мæ бон уын нæу дзуапп раттын. Фернандо. 0, фæлæ бæрæг у дæ цæстытæй... Ныууагъта уæ? Дæ сæр куы ’руагътай? Ныууагъта уæ? Афтæ дæр æй зыдтон. Бæрзонд æмæ абухгæ ’нкъарæнтæ чингуыты вæййынц хорз, æцæг царды нæ бæззынц æмæ фыдбылыз сайынц сæ фæстæ. Дзæбæх ма хъуыды кæнын уæ чындзæхсæв. Скъæфгæ дæ акодта уыцы æрра. Æрмæстдæр мах артуадзæг арвы бын, мах зынгæмхиц зæххыл райгуырынц ахæм адæймæгтæ, уыдонæн фаг нæу рæстæмбис цард, тырнынц алы хъуыддагæн дæр йæ рындз æмæ йæ тæккæ æрфытæм: кæд хорзы цæуынц, уæд стыр хорзы, кæд фыдракæид, уæд та æвирхъауы!! 9
Р о з а л и я. О, æвирхъауы, æвирхъауы!.. Фернандо. Раст уыдысты дæ ныййарджытæ, куынæ дæ... Р о з а л и я. Курын дæ, мадыуал зæгъ! Ф ер н а н д о. Кæмæн цы нывгонд и хъысмæтæй, уымæй йын аирвæ- зæн ничердæм и... уырны мæ фидарæй. Ды та, боны фæстагмæ, сæрибар уæлдæр уыдаис. Æмæ, уæдæ, куыд у дæ цард докторы хæдзары? Тынг ад- джын рахонæн ын нæй, афтæ нæу? Æмбарын: сусæгæй, æнæ аргъуаны сар- гъаугæйæ... Р о з а л и я (йæ хъустыл не 'уУæнДгæйæ)» Дон Фернандо, цытæ дзу- рыс уый?! Фернандо. Мæнæй ма ’фсæрмы кæн. Æз мæхæдæг ме сæфт уы- иын кæнгæ хæрзæгъдау митæй. Сылгоймаг æмæ нæлгоймаджы ахастытæм мæнæн ис мæхи сæрмагонд цæстæнгас. Фæлæ нæ уæздан кæнгæ æгъдæут- тæ... римаг бæрзонд аргъуантæ... триентаг галуаны дунеон сыгъдæг уы- наффæтæ... Розалия. Æгъгъæд!! Ды дæр та... Ам дæр мыл фæхахуыртæ код- той... алы ран дæр. Афтæмæй та мæхимæ ницы аипп зонын. Æвæгæсæгæй <баззадтæн, нал хион, нал хæстæг — се ’ппæт дæр мыл æвдисæн бакодтой æмæ уæд сывæллонмæ цæстдарæгæй бацыдтæн, мæ сæрæн куы ницыуал хос ардтон, уæд. Мæхи зонынхъом куы фæдæн, уæдæй нырмæ доктор Ар- ригойæ уæздандæр адæймагыл никуыма сæмбæлдтæн. Æмæ йæ мыггагмæ дæр нымайдзынæн мæ ирвæзынгæнæгыл. Нæ зæрдæ нæхимæ ницæмæй æх- сайы, дон Фернандо, бауырнæд дæ, сыгъдæг сты нæ удтæ æмæ нæ цæс- гæмттæ. Ф ер н а н д о. Æз дыл æууæндын, синьорæ Розалия. фæлæ дын аргъ кæнин, дæ ныхæстæ æцæг куы уаиккой, уæд дæр. Мæнæн царды зæххон æгъдæуттæ аргъуаны уагæвæрдтæй æввахсдæр сты. Фæлæ сразы у: мæ фыдыфсымæр, монсиньор Рувойæн, йæ бон нæу мæн хуызæн хъуыды кæ- нын. Розалия (йæ хъустыл не ’ууæндгæйæ). Цы загътан? Монсиньор Руво дæ фыдыфсымæр у? Ф е р н а н д о. Дæ зæрдæмæ нæ цæуы ацы хъуыддаг? Р о з а л и я. Æппындæр нæ. Мæ цард мын уый сæнад кодта. Ф е р н а н д о. О, йæ ныхæстæй бæрæг вæййы, уæ ахастытæн бынтон хæлар рахонæн нæй. Фæлæ дын, зæгъгæ дæ цард сæнад кæна... Афтæ кæд цæмæй днны раз йæ цæсгом ссыгъдæг кæна, уый тыххæй. Р о з а л и я. Сыгъдæгцæсгом лæг хахуыртæ нæ фæмысы. Фернандо. Разы дæн демæ. Фæлæ уымæн дæр дин йæ уæлæ цы бæрнон пæлæз æрыфтыдта, уый намыс æн æндæр хуызы архайын нæ уадзы. Иæ хæс æххæст кæны. Кæд дæ фæнды, уæд мæ фыдыфсымæр ар- хайы инквизиторау. Фæлæ уый у рæстзæрдæ инквизитор. Уый æппындæр гуырысхо нæ кæны, дæу æмæ Арригойы ’хсæн цы ахастытæ ис, уыдон кæй сты æнæхуыцау, аргъуаны фарн чъизигæнæг. Р о з а л и я. О, фæлæ нæй ахæм ахастытæ не ’хсæн. Ф е р н а н д о. Æз дыл æууæндын. Фæлæ адæм, æхсæнад... 10
Р о з а л и я, Адæмы, æхсæнады хъуыдыйæн аздахæн ис кæцырдæм фæнды дæр. Ф е р н а н д о. Омæ уый кæй бахъуыди? Р о з а л и я. Иæ чырыстон уарзт æмæ æгъдауæй йæ синысæртыл чи хæцы, уыдоны. Фыццаг дур мыл сæмбæлд дæ фыдыфсымæры къухæй. Фернандо. Ау, уый уыдаид? Розалия. Кæм райгуырдысты хахуыртæ? Кæцæй райдыдтой хилын хæдзари-хæдзар? Дæ фыдыфсымæр цы аргъуаны сæр у, уырдыгæй. Фернандо. Зæгъ-ма мын, мæ фыдыфсымæр дæ æфхæрдта, æртхъи- рæнтæ дæм кодта? Р о з а л и я. Нæ. О, Хуыцау! Тох цæуы зыбыты саудалынджы, сусæг- дзинады фæлмы. Амæттагыл иу цæф иннæйы фæдыл æмбæлы, фæлæ йæ цæвгæ цы къух кæны, уый нæ уыны. Æз мæ цард æрвитын тæрсгæ-риз- гæйæ... абон куы нæ, уæддæр райсом... аргъуаны лæгтæн уыйбæрц æнæ- уынон дæн, æмæ фæтæригъæд кæныи сæ фæсонæрхæджы дæр нæй. Ф е р н а н до. Æнæуынон? Разы дæн демæ, фæлæ мæ фыдыфсымæр... Уымæн дæр дæ æнæуынон? Р о з а л и я. О, тынг. Фернандо. Омæ, уымæн цыдæр сусæг æфсæнттæ ма хъуамæ уа? Р оз а л н я. Ис ахæм æфсæнттæ. Ф е р н а н д о. Мæнæн цын нæй зонæн? Р о з а л и я. Нæ, уыйбæрц къæйных нæ дæн. Æрбацæуы Агатæ. ÆРТЫККАГ ФÆЗЫНД Розалия, Фернандо, Агатæ. Р о з а л и я. Цы, дам, Агатæ? А г а т æ. Мæн æрбарвыстæуыд, цæмæй базонон, доктор ам ис æви нæй, уый. Монсиньор Руво йæм æнхъæлмæ кæсы уазæгуаты, тынг æй фæн- ды докторы фенын. Р о з а л и я (фæтæрсгæйæ). Монсиньор Руво? А г а т æ. Ахæм уазæг дæ зæрдæмæ нæ цæуы, синьорæ? Р о з а л и я. Уый мæн уазæг нæу. Доктор нæма фæзынди, фæлæ йæ рæхджы ардæм хъæуы. Кæд æмæ моисиньоры фæнды банхъæлмæ кæсын, уæд уал æй ардæм рахон, йæ хæрæфырт дæр ам ис. А г а т æ (бахудæгау кæны). Дынджыр бузныг. (Ацæуы.) Розалия. Æз цæхæрадонмæ акæсон, Эммæмæ. Фернандо. Мæнмæ гæсгæ та хуыздæр уаид, ам куы баззаис, уæд, мæ фарс рахæцис. Р о з а л и я. Æз ам баззайон? Уымæн уæвæн нæй. Дон Фернандо, ды мæн зоныс, чызг ма куы уыдтæн, уæдæй ардæм, дæу фидарæй уырны, æз мæ сæрæн кæй ннцы зонын, уый, Æмæ, уæдæ, бацархай, цæмæй уый дæр 11
бауырна, æз кæй ницы сарæзтон æвзæрæй, ахæмæй мæм кæй ннцы не, цæ< мæй мæ йæ маст иса, мæ фæдыл сусæгæй дзырдхæсджыты ардауа, æнæ- уый дæр чысыл хъизæмар нæ баййæфтон. Ныууадзæд мæ мæнæ ацы бон- зонгæ адæмы хæдзары мæ мæгуырыл. Фæдзур ын уыдæттæ, дæ хорзæхæй, курын дæ, Хуыцауæй курæгау. Кæд уый дæ бон нæу, уæд та мыл ног хахуыртæ мауал æрымыс дæхæдæг. (Эммæ цы дуарыл ахызти, уый дæр ууылты ацæуы.). Фернандо. «Ис ахæм æфсæнттæ...» Каед, мыййаг, мæ фыдыфсымæр, хæлд, æнæуаджы бæсты уæздан удимæ самадта тох?.. Хорз ма йæ хъуыды. кæнын, мæ фыдыфсымæр кæддæриддæр уæлдай тынгдæр йе ’ргом здæхта æнæхнн, фæлæ æнæфæхæцæг уæрыччытæм. Æмæ уæдæ, ныр дæр диссагæй; цы ис ам? Кæд та ныр дæр, йæ дзугæй цы æнæфæхæцæг уæрыкк радзæ- гъæл, уын фæстæмæ фысдонмæ баздахынмæ хъавы... хорзы йын бацæуыны охыл... (Æрбацæуы монсиньор) ЦЫППÆРÆМ ФÆЗЫНД М о н с и н ь о р. Ам ма дæ? Цæй, куыд, исты фæдыл фæхæст дæ? Ф е р н а н д о. Æз архайдтон, инквизитор куыд фархайы, афтæ. Фæн- ды дæ бауырнæд, фæнды ма, фæлæ уый у иттæг вазыгджын куыст. Монсиньор. Гъе, æмæ дæм куыд фæкасти, йæхицæн барæй сæр- иизтæ чи агуры, уыцы æнæбон сылгоймаг? Ды Хуыцауæн фыдæбон кæны- ныл дæ къух систай æмæ дæ бафæндыди зæххон цардæй цæрын. Гъе уымæ* гæсгæ дын дæ фæлтæрддзинад фадат дæтты, цæмæй сылгоймаджы рахатай- йæ иунæг фæкаст, йæ иунæг фезмæлдæй: æрхæндæг уа, æфсæрмдзæстыг уа, йæ бакастæй нын нæ зæрдæ ’лхæна... Ф е р н а н д о. Кæй зæгъын æй хъæуы, цыдæртæ базыдтон æз дæр сылгоймæгты тыххæй, фæлæ сæ тæригъæдтæ сыгъдæг кæнынмæ кæмæ цæ- уынц, уыдон сæ хуыздæр зонынц. Монсиньор, Ахæм сылгоймæгтæ сæ тæригъæдтæ сыгъдæг кæнын- мæ нæ фæцæуынц. Фернандо (иуварсмæ). Æмæ æдылытæ сты... Монсиньор. Гъемæ уæддæр цы? Ф е р н а н д о. Æргом дын æй зæгъын, ацы Розалия, кæд цыфæнды æнкъард æмæ ’рхæндæг у, уæддæр дзы æз «нæгъ» нæ зæгъин, фæлæ ард бахордтон, бинонтæ не ’ркæндзынæн, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ, ды раст дæ. Монсиньор. Цæмæй дæн раст? Ф е р н а н д о. Де сæфт дзы кæй уыныс, уымæй. М о н с н н ь о р. Æз дзы уынын ме сæфт? Цытæ дзурыс! Тæригъæя ын кæнын æз, стæй ноджы тынг тæригъæд. Æз æй раздахынмæ хъавыд- 12
тæа раст фæндагмæ. Кæд дæ йæ зонын фæнды, уæд ын суанг бынат дæр æрцæттæ кодтон аргъуаны, мæхи дæлбазыр. Фернандо. Æцæг зæгъыс? (Иуварсмæ.) Уæддæр æй фæстæмæ йæ дзугмæ баздахынмæ хъавыд! (Уымæн.) Æмæ не сразы? Монсиньор. Разы цы хоныс!! Цæхгæрæн æмæ карзæй <^нагъ» загъта. Уымæй дын исчердæм комы! Фернандо. Кæмæй? М о н с и н ь о р. Иæ хæзгулæй. Фернандо. Арригойæ зæгъыс? Рæдийыс, нæу йæ хæзгул. М о н с и н ь о р. Нæу йæ хæзгул? Ды хорз нæ зоныс Арриго Паль- миерийы, æз та йæ уынын йæ сæрæй йæ къæхты бынмæ. Хуыцауыл не ^ууæнды. Ф е р н а н д о. Хуыцауыл не ’ууæнды? Арриго? М о н с и н ь о р. О. Цы чингуытæ кæсы, уый та? Æгас хæдзары ис æрмæстдæр иунæг дзуары фæлгонц, æмæ уый дæр уымæн, æмæ йæ хоны Бенвенуто Челлинийы уацмыс. Кæй хуызистытæ йс йæ чиныгдоны? Сарни, Арнальдо, Джордано Бруно, Кампанелла, Филянджери, Франческо Кон- форти, Доменико Чирилло. Ф е р н а н д о. Стыр лæгтæ се ’ппæт дæр. М о н с и н ь о р. Фæлæ се ’ппæт дæр сæ цардæй бавдæлон сты сæр- къуырæн къодахыл. Ф е р н а н д о. Идеяйы сæраппонд. Монсиньор. Цытæ дзурыс, дæ зонд фæцыд? Фернандо. Диссаг мæм кæсы, монсиньор: цæй хорз зоныс, ам цы- тæ цæуы, цы дзурынц, цæуыл хъуыды кæнынц, цы хæрынц,—тынг стæм зсатт куы ’рбафтыс ардæм. Монсиньор. Мæ цæстæнгæс къулы иннæрдæм хизы. Ф е р н а н д о. 0, фæлæ цæй охыл æрцыдтæ ахæм хъуыдымæ, зæгъгæ, Розалия у хæлд сылгоймаг, стæй ноджы хæзгултæ сты Арригоимæ? Монсиньор. Дæхæдæг æй не ’мбарыс: дин кæм нæй, уым æгъ- дауæн дæр уæвæн нæй? Ф е р н а н д о. Не ’мбарыи. Æз зонын æрмæстдæр уый, æмæ докторæй тынгдæр æппæлынц мæгуыртæ, хоныиц æн хæларзæрдæ, уæздан, цæстуар- зон... М о н с и н ь о р. Гъе, гъеуыддæтты тыххæй у тæссаг Арриго. Фернандо. Сымах, мæнмæ гæсгæ, быцæу кæнут цавæрдæр прин- ципты охыл, æмæ уыцы быцæуы судзгæ та бакæндзæн мæгуыр Розалия. Монсиньор. Мæгуыр Розалия хъуамæ йæхи æрцæттæ кæна арды- гæй тынг дард ранмæ абалц кæнынмæ. Ф е р н а н д о. Ардыгæй йæ фæсурынмæ хъавыс? Æрмæстдæр гуырыс- хойы бындурыл сылгоймаджы сыгъдæг ном цæсты бафтау, уый... Монсиньор. Гуырысхойы бындурыл? Зон, уæдæ, мæнæн мæ къух- ты ис, бынтон æнæгуырысхойæ æмæ карзæй цæмæй архайон,- ахæм æв- дисæндартæ. 13
Фернандо. Дзæбæх ахъуыды кæн, монсиньор! Розалия ахæм æнæрхъуыды бафхæрды аккаг нæу, æз æй рагæй зонын, æмæ йæ зонын раст æмæ æнæхæлд адæймагæй... Гъе, æрмæст дзы лæгæй амонд нæ фæци æмæ... Монсиньор (дисгæнгæйæ.) Моймæдзыд у? Уый та ноджы фыд- дæр... кæнæ та, ноджы хуыздæр!! Кæм и йæ лæг? Фернандо. Нæ зонын. Монсиньор. Хицæн аисты? Фернандо. Розалияйы аххос нæу. М о н с и н ь о р. Ус вæййы æдзух дæр аххосджыи. Ф е р н а нд о. Ма батагъд кæн, ахъуыды кæн бæстондæр. Монсиньор. Ахæм заман мах рахъуыды-бахъуыды нал фæкæнæм. Фернандо. Æмæ уæ тæрхон раст нæ вæййы. Монсиньор (карзæй). Цы дам? Фернандо. Ома, зæгъын... Монсиньор. Фæлæ дæ уæддæр бузныг дæн ацы хабары тыххæй, Фернандо (иуварсмæ). Хуыздæры ’фсон ын фыддæр ракодтон. Æрбацæуы Агатæ. ФÆНДЗÆМ ФÆЗЫНД Монсиньор, Фернандо, Агатæ. Монсиньор. Нæма ’рбацыди уæ синьор? А г а т æ. Бæргæ йын рагæй афон у, фæлæ ныффæстиат цæхæрадопы уыцы дидинджытимæ. Æмæ, уæдæ, куыд, лæвар йæ... йæ чызджы лæвар, Стæй уæд рæвдауæн ныхæстæ, лæгъзытæ, мидбылхудтытæ сииьорæнмæ... Чызджы хъомылгæнæгимæ. Фернандо (йæхицæн). Гъер ай хæйрæджджын нæу!.. Монсиньор. Мæнмæ ракæсын йæ сæрмæ ’рхæсдзæн? Агатæ. Чиныгдонмæ фæцæуы, загъта, монсиньор, дам, мæм иу минут банхъæлмæ кæсæд. Фернандо. Тынг хорз. Кæдæй-уæдæй ма йæ фендзынæн! Монсиньор. Æрмæст ныртæккæ нæ. Мæн йемæ адзурын фæнды лæ- гæй-лæгмæ. Ф е р н а н д о. Омæ, æз... Монсиньор. Тыхæй дæ хъуамæ арвитон? Ф е р н а н д о. Мæхæдæг ацæудзынæн. (Ацæуы). Монсиньор (хъуыддагхуызæй). Ногæй исты базыдтай? А г а т æ. Ницы. Фæлæ чызджы тыххæй зонын бæлвырдæй... М о н с и н ь о р. Чызджы тыххæй цы зонын хъæуы, уыдон æз иууылдæр мæхæдæг зонын, цæугæ! (Агатæ йын йæ къухæн ба кæны). Æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн райсом. А г а т æ. Æнæмæнг, монсиньор. (Ацæуы). 14
М о н с и н ь о р. Гъеныр æй кæд фæнды йæ бæрзонддзинад философы мемæ дзырдæппарæнтæй ахъазын, уæд æз цæттæ дæн. (Æрбацæуы Паль- миери.) ÆХСÆЗÆМ ФÆЗЫНД Пальмнери æмæ монсиньор Пальмнсри. Ныххатыр кæн, монсиньор, æгæр бирæ мæм кæй фен- хъæлмæ кастæ, уый тыххæй, фæлæ... М о н с и н ь о р. Хатыр дæ мæхæдæг хъуамæ ракурон, ме ’рбацыдæй дæ фæцух кодтон дæ бинонтыл баузæлыны цинæй, дæ философон сагъæстæй... Бауырнæд дæ, ме ’рбацыды сæр... П а л ь м и е р и. Де ’рбацыды сæр цыфæнды куы уа, уæддæр дæ курын, монсиньор, æмæ бадгæ скæн. Монсиньор. Бузныг. (Сбады.) Ничи нæ хъусы? Пальмиери. Ничи. Монсиньор. Мæ ныхас демæ цы хъуыддаджы фæдыл уыдзæни, уый у иттæг ахсджнаг. Пальмиери. Æз дæм, алкæдау, ныр дæр байхъусдзынæн иттæг лæм- бынæгæй. Монсиньор. Цæмæй дæ æгæр ма бафæлмæцын кæион, уый тыххæй.' æз, æнæ уæлдай ракæ-бакæйæ, бавналдзынæн хъуыддагæн нæхимæ. Пальмиери. Тынг бузныг дæ фæуаин. Монсиньор. Æз дæм æрбацыдтæн, цæмæй демæ аныхас кæнон уыцы зындгонд сылгоймаджы тыххæй. П а л ь м и е р и. Чи уа уыцы зындгонд сылгоймаг? Монсиньор. Гм... Розалия. П а л ь м и е р и. Кæд ног ныхас нæу, уæддæр æдзухдæр вæййы æхсызгон* ныхас. М о н с и н ь о р. Ацы хатт æхсызгон нæ уыдзæн. Уый хъуамæ æрвыст æрцæуа канд ацы хæдзарæй нæ, фæлæ ацы зылдæй дæр. Пальмиери. Уæд цæй тыххæй, монсиньор? М о н с и н ь о р. Уыдæттыл дзурын æз нымайын уæлдай хъуыддагыл. Пальмиери. Уæдæ уæд нæ ныхас уыдзæн хæрз цыбыр. Ды мæн ны- майыс философыл, философæн та йæ фыццагдæр хæс у фæзындтытæн æмæ предметтæн се ’фсæнттæ агурын. Æмæ ды цы домыс, уымæн иунæг рæстмæ æфсон дæр нæй. Розалия у сыгъдæгцæсгом сылгоймаг, цæры сыгъдæгцæсгом лæджы хæдзары, у мæ чызджы хъомылгæнæг æмæ ууыл нæ ныхас ахицæн. Монсиньор. Дæ чызджы... Пальмиери. Гуырысхойаг дæм кæсы, монсиньор? Монсиньор. Нагъ. Фæлæ тæрсын, кæд, зæгъын, ацы чызг иæу, æз дæуæн цы чызгыл саргъуыдтон, уый. Пальмиери. Уый та куыд ома? Монснньор. Мæнмæ гæсгæ, де ’цæг чызг, Эммæ, амарди Каганийы, уыцы горæты куы ’рцардтæ, уымæй цалдæр мæйы фæстæдæр. 15
Пальмиери. Рæстытæ дын нæ радзырдæуыди. Монсиньор. Нæн уæвæн уымæй растдæр ныхасæн. Абон райсомæй æз æвдисæндар райстон Катанийы аргъуаны сæр Бенедиктиновæй — æвди- сæндар, дæ чызг кæй амарди, уый тыххæй. Мæнæ и, табуафси. (Дæтты йæм гæххæтты сыф.) Райс æй, райс, ницы кæны, æркæсдзынæ йæм, рæстæг дын куы фæуа, уæд. Мæнмæ ма дзы иу ис. Куыд уыныс, афтæмæй, кæд философ нæ дæн, уæддæр æз дæр ме ’хæсыл нымайын фæзындтытæ æмæ предметтæн се ’фсæнттæ агурын. Пальмиери. 0, уæлдайдæр та уыцы хъуыддаг нскæмæн фыдбылызы хос куы вæййы, уæд. Стæй ма уынын ноджыдæр, мæ хæдзары хабæрттæ мæхицæй хуыздæр кæй зоныс, уый дæр. М о н с и н ь о р. Мæ аргъуаны намысыл къæм цы бадын кæна, уый йс- кæйы хæдзары хъуыддаг нæу, фæлæ мæ хъуыддаг. Пальмиери. Мæлæты æнæвнæлд намыс! Монсиньор. Афтæ, уæдæ. Дæ бинойнаг амарди, дыккаг ус нал æр- кодтай, уымæ гæсгæ дæ дыккаг чызг Эммæ райгуырди æнæзакъонæй. Пальмиер.и. Раст кæн нæ зæгъыс, уый дын хæрз æнцонæй бавдисин. Фæлæ мæ хъуыддæгты фæдыл æз дзуапп дæттын æрмæстдæр ме ’фсармы раз. Эммæ æнæзакъон чызг у, закъонæй чызг у, уый æппындæр нæу дзурæг ууыл, æмæ йæ мад æнæмæнг у Розалия. М о н с и н ь о р. ,Кæд комкоммæ ууыл дзурæг нæу, уæддæр фæгуырысхо- йæн фаг у. Пальмиери. Ахæм гуырысхотæ фæкæнынц, йæхæдæг сыгъдæгцæсгом ■чи нæ вæййы, уыдон. Монсинъор. 0, фæлæ уæддæр иу хъуыддаг у бынтон бæлвырд: Ро- залия у моймæдзыд, цæры йæ лæгæй хицæнæй, уæдæ уæд... Куыд уыныс, афтæмæй мын уый дæр зындгонд у. Пальмиери. .Уынын, уынын. Монсиньюр. Ацы сылгоймаг йæ лæгæй рахицæн æмæ цæры дæ хæ- дзары. Пальмиери. О, йæ лæгæй рахицæн. Фæлæ цæй тыххæй, уый зоныс, монсиньор? М о н с и н ь о р. Нæ зонын. .Пальмиери. Афтæмæй та йыл алыхуызон даутæ мысыс. М о н с и н ь о р. Ацæуæд фæстæмæ! Пальмиери. Кæдæм? М о н с и и ь о р. Р1æ лæгмæ. П а л ь м и е р и. Неаполитанийы ахæстæттæм? М о н с и н ь о р. Цы? Пальмиери. Ныр цыппæрдæс азы бады ахæстоны. Монсиньор. Ахæетоны].. О, стыр Хуыцау! Уый та, йæ лæгыл иу цæс- æыг æрыппарыиы бæсты бавдæлди, æмæ... П а л ь м и е р и. Æмæ цы? М о н с и н ь о р. Нæ зонын. 16
Пальмиери. Æз та зонын. Йæ уавæр у тынг уæззау: æппындæр ах- хосджын нæ уæвгæйæ, æвзары стыр хъизæмæрттæ. Монсиньор. Æмæ, уæдæ, чи у аххосджын? Пальмиери. Уæ аргъуаны уагæвæрдтæ. Лæгæн ист æрцыдысты, адæймаджы бартæй йæм цыдæриддæр уыдис, уыдон, бакодтой йæ мыггаг- мæйы ахæстоны — ома, уый у мард — политикон хуызы дæр æмæ алы хуызы дæр. Фæлæ уæддæр усæн йæ бон нæу йæ цард ногæй саразын, нæй йын æндæр лæгмæ чындзы фæцæуыны бар. Монсиньор. Нæй халæн уыцы закъонæн. Пальмиери. Нæ мæ уырны. М о н с и н ь о р. Уыдон сты æнæуаг ныхæстæ. П а л ь м и е р и. Ма сæм хъус! Монсиньор (сысты). Æмæ, уæдæ, цы уынаффæ кæныс Розалияйы тыххæй? Пальмиери. Мæ уынаффæ, монсиньор, у ахæм: никæмæн ис бар мæ удæн тыхмитæ кæнынæн, мæ зæрдæйы джигул кæнынæн, мæ бинонты хъуыд- дæгты хи тъыссынæн. Розалия у æнамонд адæймаг, æфхæрд закъоны ’рды- гæй, æхсæнадæй хъодыгонд, хахуыртæ йыл фæкодтой, сæхицæй Хуыцауы минæвæрттæ чи сарæзта, ахæм ницæйæгтæ. Æз ын сарæзтон, растæй æмæ удæнцойæ цæмæй цæра, ахæм уавæртæ, уый у ме хæс, æмæ мын мæ уынаф- фæ чи аивын кæна, ахæм лæг ацы дунейыл нæма райгуырди — зонд мын амона, цъыфкалæнтæ мыл мыса, æртхъирæнтæ мæм кæна. Монсиньор. Уый нырма фендзыстæм. Пальмиери. Цасдæриддæр дæ фæнды. Исты ныхасаг ма дæм ис, мыййаг, мемæ? М о н с и н ь о р. Нæй. Пальмиери. Æгайтма. (Монсиньор ацæуы.) Бецау Розалия! Ардыгæй йæ арвитон? Иæ чызгимæ йæ фæхицæн кæнон? Нæ! Ахæм бæллæх нæ бауром- дзæн йæ мæгуыр зæрдæ. ДЫККАГ АРХАЙД Монсиньоры кабинет: стыр чиныгдон дзы, нывтæ рагзаманты цардæй, кусæн стъол, католикон налой (сæрмагонд бынат зонгуытыл лæугæйæ кувы- иæн). Изæр. ФЫЦЦАГ ФÆЗЫНД Монсиньор бады йæ кусæн стъолы уæлхъус, исдуг чиныджы кæсы, стæй йæ сæхгæны. М о н с и н ь о р. Ахæстоны?.. Цавæр фыдракæнды тыххæй? Базондзынæн æй. Тынг ахсджиаг у йæ базонын, уый ноджы вазыгджындæр кæны Роза- лияйы уавæр. Цæмæй ардыгæй æрвыст æрцæуа, уымæн бирæ ’фсæнттæ ис. 2 Мах дуг № 4 П
Æдылы ми бакодтон... Мæ фæндтæ æгæр рагацау раргом кодтон Розалия- йæн... Мæхи лæмæгъæй равдыстон йæ цуры, æмæ йæ адæмæн куы фæдзура, уæд уый хорз нæ уыдзæни... Нæ аиппытæ нын чи зоны, нæ лæмæгъ, уыдон цас дарддæр уой, уыйас хуыздæр у. Розалия ардыгæй æрвыст куы ’рцæуа, уæд аххостæ иууылдæр æххуырст æрцæудзысты доктор Пальмиерийыл,— уый та ноджы хуыздæр, ауæрдын ыл нæ хъæуы, стæй иннæтæн дæр зонДм хос уыдзæни. Фæлæуу!.. Дзыхъхъынног хъуыды! Ныр ацы... йæ лæг хъада- мантимæ ахæсты куы нæ бадид... Уый исты хуызы куы фæзынид, мæрдты- бæстæй цыма тæссаг æндæрг фæзынди, уыйау... йæ усæн æвирхъау тæрхон хæссынмæ... кæйдæр лæджы хъæбысы йæ куыд баййафа... Уыцы тугмондаг сæркъуыр Розалияйæн бирæ тæссагдæр уаид инквизицийæ... Диссаджы хъуыды, стæй, гæнæн ис æмæ, йæ сæххæст кæнын дæр мæ къухы бафта!.. Неаполы мæ хæрзгæнджытæ ахæм бæрзонд бынæтты бадынц... къаролы усæн йæ сыгъдæг фыд... ахъуыды кæнын хъæудзæни ахсæв... (Æрбацæуы Гаэтано сойдзырæгътимæ.) ДЫККАГ ФÆЗЫНД Монсиньор æмæ Гаэтано. Г а э т а н о (цырæгътæ стъолыл æвæргæйæ). Хуыцау уæд дæ хъахъæ- нæг, монсиньор. Монсиньор. Дæуæн дæр, Гаэтано. Гаэтано. Бар ратт æмæ дын фехъусын кæнон: цавæрдæр æнæзонгæ* адæймаг нæм æрбацыди. Монсиньор. Ацафон? Бафарстай йæ, чи у? Гаэтано. Уайтæккæ дæр æй бафарстон. Райдианты мæм, раст куы зæгъон, уæд, цыдæр гуырысхойаг фæкаст, уæлдайдæр æнафоны кæй æрба- хоста, уый тыххæй, ноджы мæм талынджы йæ цæсгом дæр дзæбæх нæ зын- ди; цæджындзы дæлбазыр хуыссыди тымбылæй. Мæ къæхты уынæрмæ фе- стъæлфыд, фæгæпп ласта æмæ уыцы сырддзастæй аракæс-бакæс кодта, фæ- тарстис, æвæццæгæн. Зæгъын, ахæм тæссагæй йæм ницы ис, æмæ йæ уæд афæрстытæ кодтон. Цыдæртæ бахъуыр-хъуыр кодта ризгæ хъæлæсæй, куыд æй бамбæрстон, афтæмæй йыл кæмдæр банафон, хæхты йæ фæндагæй фæ- дзæгъæл æмæ йæ ныр фæнды монсиньоры фенын, кæд, дам, мæ мидæмæ* бауадзид æхсæвиуат бакæнынмæ. Монсиньор. Уазæг — Хуыцауы уазæг, фæлæ нæ хæхты бирæ хæты фыдгæнджытæ дæр. Гаэтано. Хæцæнгарз æм нæй, æнхъæлдæн, кæд æй æмбæхсгæ ба- кодта. Монсиньор. Дарæсæй та йыл цы ис? Г а э т а н о. Нæ хæхбæсты цæрджытæй иицæмæй хицæн кæны. Уæрæх цырыхъытæ, даргъ уæлæфтау æмæ калибрийаг тегла худ, тынг дæрдджын се ’ппæт дæр. Йæхæдæг — бæрзонд, йæ саулагъз цæсгом, цыма фырнозтæй æфхæрд у, афтæ мæм фæкаст; сырддзаст, йæ хæмпæл боцъо — даргъ... М о н с и н ь о р. Карæй та? 18
Г а э т а н о. Иу дыууиссæдзмæ ’ввахс. Æниу, Хуыцау йæ зонæг, йæ дæс- гоммæ гæсгæ тыиг зын рахатæн у, цы мæрддаг у, уый. Чи зоны æмæ фыд- гæнæг дæр у, фæлæ бæрæг у, рынчын кæй у, уый; йæ улæфт—уæззау, тых- хæй ма лæууы йæ къæхтыл, фæндагыл тынг бафæлмæцыд, æвæццæгæн. Мон- синьорæн кæд, мыййаг, йæхи фæнды йæ феиын... М о н с и н ь о р. Æнæмæнг. Уый æнæдиссаг нæу. Ракæн æй... фæлæ зæгъ мæ адæмæн, цæмæй сæ цæст дарой... Г а э т а н о. Кæй зæгъын æй хъæуы, монсиньор. (Ацæуьг.) М о н с и н ь о р. Æмæ ныр кæд æцæгæй дæр исты фыдгæнæг у, уæд та? Чи йын цы зоны?! Æниу, цæмæй тæрсын. Фыдгæнджытæ, раст зæгъгæйæ, æвзæр адæймæгтæ не сты: сæ фылдæр Хуыцауыл æууæндынц, арæх ма суаиг стыр хæрзты дæр банæуынц аргъуанæн. Æнхъæлдæп, æрбацæуы. (Гаэтано æрбакæны Коррадойы). ÆРТЫККАГ ФÆЗЫНД Монсиньор, Гаэтано, Коррадо. Гаэтано (Коррадомæ). Мæнæ дын уый та монсиньор! Монсиньор. Æрбацу-ма хæстæгдæр, хуыцауы уарзон лæг, тæрсгæ мацæмæй кæ. Бафæлмæцыдтæ? (Гаэтаномæ.) Бандон-ма йын æрæвæр! (Газ- тано йын бандон æрæвæры.) Коррадо (бадгæйæ). Бузныг, монсиньор! (Гаэтаномæ.) Бузныг дæуæн дæр. Монсиньор (Гаэтаномæ). Цæугæ! (Гаэтаио ацæуы.) Æмæ дæ уæдæ цы хъæуы мæнæй, ?агътай? Дзур. Коррадо. Æрмæстдæр нунæг хъуыддаг: бар мын ратт бахсæвнуат кæ- нынæн, иу чысыл уæддæр æрцæуа мæ фæллад. Æгас бон фæцыдтæн фнстæ- гæй, æхсæв мæ ’рцахста дæ галуаны дуармæ. Сыгъдæг Мадымайрæмы сурæт куы федтон, уæд мæ сабибонтæ мæ зæрдæйы райгас сты, тынг мæ æрфæн- дыди йæ бæрзоид номæн ныттабутæ кæпын æмæ уæд галуаны къæсæрæй æрбахызтæн. Цал азы не скуывтон Хуыцаумæ... æмæ абон... М о н с и н ь о р. Цал азы, зæгъыс? Уый хорз нæу. Табу Хуыцауæн, æгайт- ма дæ дæ къæхтæ махмæ ’рбахастой: ныр дæ уд бакæн мах æвджид. К о р р а д о. Нæ, мæ уд мæхи ’вджид куы уа, уæд хуыздæр уыдзæни. М о н с и н ь о р. Кæд дæ уд рынчын у, уæд дын æй’ æз сдзæбæх кæн- дзынæн. Коррадо. Сдзæбæх? Нæ мæ уырны: нæй уымæн гæнæн, монсиньор. Монсиньор. Цæуыннæ уæд?.. Адæймаг йе ’фсармы зæрдæхудты куы бацæуа... К о р р а д о. Йе ’фсармы зæрдæхудты? М о и с и н ь о р. Цæмæн афтæ тынг ныррызти дæ буар? Ма тæрс, æрса- быр у, мæ хъæбул. Коррадо. Æрсабыр уон! Ме ’фсармы зæрдæхудты!! Ды мæн нымайыс фыдгæнæгыл! 19
М о н с и и ь о р. Æппындæр нæ, фæлæ мæн фæнды, цæмæй мæныл 6ау~ уæндай æххæстæй. Ам дæуæн æппындæр тæссаг ницæмæй у: нæ аргъуаны цы адæймаг уа, ууыл никæй бон цæуы. К о р р а д о. Æз уый зыдтон. Монсиньор. Цæугæ дæр уый тыххæй æрбакодтай? Коррадо. Куы дын загътон, мæн хъæуы, кæм бахсæвиуат кæнон, ахæм бынат. Уадзыс мæ æви нæ? О æви нæ? М о н с и н ь о р. О, мæ хъæбул, о. Куыд уынын, афтæмæй дæуæн дæ зæрдæ, бахордта дæ фыдракæнд нæ, фæлæ уымæй ноджыдæр стырдæр бæл- лæх, æмæ дын тьшг хорз æмбарын дæ уавæр. Дæ уæлæдарæсы æмсæр кæй нæ дæ, фæлæ бирæ уæздандæр адæймаг кæн дæ, ууыл хорз дзурæг у дæ цæстæнгас — кæд цыфæнды фæллад у, уæддæр. К о р р а д о. О, æз нæ дæн хуымæтæджы хоохаг... ме ’намондæн... Кэед мæнæ-мæнæ цæрæг лæг нæ уыдтæн, уæддæр хæст уыдтæн уæздан аивадыл... Монсиньор. Цавæрыл? К о р р а д о. Нывгæнынадыл. Монсиньор. Сицилийаг дæ? К о р р а д о. Уыдтæн кæддæр. Монсиньор. Бинонтæ дын ис? К о р р а д о. Уыдис кæддæр. М о н с и н ь о р. Ныр иунæг дæ. К о р р а д о. Иунæг? Уæуу, додойаг мæ сæр куы фæуаид æмæ... Æгъгъæд, монсиньор, цæрын ма æрмæстдæр мæ ныфсы руаджы, æмæ мын уый уæддæр ныууадз. Ды мæ фæрсыс, раст цыма тæрхонгæнæг дæ, уыйау: тæрсгæ дæ кæнын, ныууадз мæ! Æз дæ ракуырдтон, цæмæй мын баулæфыны фадат раттан мæ буарæн, мæ удæн мын хъизæмæрттæ ’взарын кæнай, уыцы бар дыи нæ раттон. Ныртæккæ мæ куыд зоныс, уымæй фылдæр мæ зонай, уый сæр дæу æппындæр ницæмæн хъæуы. Æз ам уыдзынæн æрмæстдæр бонмæ. Райсом куы райхъал уай, уæд мæ дæ цæсты кæронæй дæр нал фендзынæ. Цæй, уæдæ, монсиньор: мæн хъæуы æрмæстдæр иу хъæмпы æргъом, кæр- дзыны мур æмæ доны къус — мæ къабæзты цы арт абухы, уый ныххуыссын кæнынæн, æндæр мæн ницы хъæуы. Монсиньор. Уый та куыд, уый та куыд! Мах дæ суазæг кæндзыстæм æгъдауыл. Фæлæ дын бæлвырд истæмæй баххуыс кæнын мæ зæрды куыд и, уымæ гæсгæ мæ фæнды базонын: ардыгæй кæдæм дарыс дæ фæндаг? К о р р а д о. Суанг дæр Этнæмæ, Катанимæ. Монсиньор. Чысыл дæ хуыздæр куы зонин, уæд дæ æз арвыстаии... К о р р а д о. Бузныг де ’рхъуыдыйæ. Монсиньор. Фыццаг хатт цæуыс уырдæм? К о р р а д о. Уым райгуырдтæн. М о н с и н ь о р. Уæдæ ма уæд иунæг æмæ фæстаг фарст: Катанийы ахæм æрыгон адæймаджы нæ зыдтай — Фернандо Мерано? К о р р а д о. Хъуыды йæ кæнын, цыма... Фæлæ уыйбæрц рæстæг рацы- ди... закъонты фæдыл ахуырадыл нæ архайдта? 20
Монсиньор. Раст афтæ. К о р р а д о. О, уыдыстæм зонгæ, суанг ма хæлæрттæ дæр уыдыстæм. Мо н с и н ь о р. Хæлæрттæ? Уæдæ дæ кæд æппындæр нæ фæнды, уæддæр дын нæ фембæлд фæпайда уыдзæн. Уыцы Фернандо у мæ хæрæфырт æмæ ныртæккæ дæр ис ам. К о р р а д о (æхсызгон ын нæ уыди). Ам н?.. Æниу, æз та дзы цалæм дæн1 Мæн фæнды æрмæстдæр баулæфын, æмæ дæ курæг дæн æртыккаг хатт: бакæнут мын уат уæд та куыдздоны! Монсиньор. Чысыл багъæц. Æхсызгон уыдзæн мæ хæрæфыртæн дæ фенд, ныртæккæ йæм арвитдзынæн. Коррадо. Мæн ничи хъæуы, ды мæ цы фæрафæрс-бафæрс кодтай, уый мын æгъгъæд фæуæд. Монсиньор. Гæнæн нæй! Кæд дын цыфæнды хъыг, уыдзæни, уæддæр мын уыцы бар ратт. (Тилы дзæнгæрæг. Æрбацæуы Гаэтано.) Зæгъ мæ хæ- рæфыртæн, тагъд-ма, зæгъ, ардæм рауай, æнхъæлмæ дæм, зæгъ кæсы дæ хæлар Катанийæ. (Гаэтано ацæуы.) Коррадо. Монсиньор, батæригъæд мын кæн иучысыл. Куы уыныс мæ уавæр: цæмæн ма мæ кæнут худинаджы рафæрс-бафæрс... Æгæр зынаргъ мын сыстади, дæ галуаны къæсæрыл мæ хизын кæй æрбауагътай, уый. Фæ- лæ цыфæнды æнæбон адæймаг дæр хъуамæ зона йæ сæр сæрмæ хæссын. О, Хуыцау! Куыд кæсын, афтæмæй æз бахаудтон инквизицийы тæрхонгæн- джыты къухтæм, цæуын æз. (Хъавы ацæуынмæ.) Монсиньор. Æрлæуу, дæ хорзæхæй, курын дæ! Этнæйы хохрæбын райгуырдтæ, уый мын дæхæдæг куы нæ загътаис, уæддæр æй ныр базыд- таин... Хорз нæу, мæ хур, æрсабыр у, ахæм тæвд тугимæ фыдбылызæн дæр бирæ нæ хъæуы... фыдракæндæн дæр. К о р р а д о. Фыдракæндæн дæр... (Æрсабыр вæййы æмæ бандоны къæ- лæтыл æрæнцой кæны.) Раст зæгъыс... раст... Монсиньор. Уадзын уæ мæ хæрæфыртимæ. Æрбацæуы, æнхъæлдæн. К о р р а д о. Бар дæхи. Монсиньор. Дæ хæларимæ æргомдзырддæр уыдзынæ! (Цæугæ-цæ- уын.) Фæсайдзæни мæ мæ зæрдæ æви нæ? (Ацæуы рахизырдæм.) К о р р а д о. Иуæй-иу ныхæстæй туг сæлгæ кæны дадзинты. Цы йын зæгъдзынæн? Цы мын зæгъдзæни? Ехх, бæргæ, исты бæрæг мын куы зæгъид... Æрмæстдæр удæгас уæнт сæ дыууæ дæр, æндæра æз æнцой не ссардзынæн, цалынмæ сæ ссарон, уæдмæ... Кæд æмæ сау ингæны хай фесты, уæд та мæ- нæн дæр мæ фæндаг уырдæм у... Цæмæй сæм æвæстиатæй фæхæццæ уон мæрдтыбæстæм, уый тыххæй мæнмæ ис иу дзаума æмæ уыцы дзаума иуда* дзыг дæр мемæ вæййы. Æрбацæуынц Фернандо æмæ Гаэтано. 21
ЦЫППÆРÆМ ФÆЗЫНД Коррадо, Фернандо, Гаэтано. Фернандо (æрбацæугæйæ, Гаэтаномæ). Кæм ис, уæдæ, монсиньор? Г а э т а н о. Ахызти, цæмæй дæ хæларимæ хибарæй аныхæстæ кæнай, уый тыххæй. Мæнæ уазæг дæр. Фернандо (цымыдисæй ракæс-бакæс кæны Коррадойы уæлæдарæс- мæ). Амæй загътай? Г а э т а н о. О, æз уæ уадзын. Куы бахъæуон, уæд-иу мæм фæдзур. (Ацæуы). Ф е р н а н д о. Цыдæр хохаг... Нæ йæ хъуыды кæнын... (Хæстæгдæр æм бацæуы.) Уæдæ, зæгъыс, кæм базонгæ стæм, загътай, мæ хæлар? К о р р а д о. Катанийы. Ф е р н а н д о. Раджы? К о р р а д о. Раджы. Фернандо (æдзынæг æм кæсы). Цыма дæ хъуыды кæнын... æнхъæл- дæн... К о р р а д о. Куыннæ ма! Æз дæн Коррадо. Ф е р н а н д о. Коррадо? 0, о... Дæ хъæбысы-ма мæ акæ... Кæд фын уынын, мыййаг? Дæхи-хуызæнæй дæм куы ницыуал ис! Коррадо. Ды та æппындæр нæ аивтай: диссаг нæу — цард дæ нæ фæриссын кодта. Ф е р н а н д о. Чи зоны. Ноджы ацы æнахуыр уæлæдарæс... Кæцæй фæ- дæ, цы хуызы... К о р р а д о. Хъысмæты æгъатыр гæрæхтæ... Ф е р н а н д о. Æмбарын дæ... зонын... К о р р а д о (æваст). Цы зоныс? Ф ер н а н д о.(йæхиуыл фæхæцыди). Зæгъæн ис æмæ ницы... Зонын, би- рæ фыдæбæттæ кæй бавзæрстай... бæрæг у æрмæст дæ бакастæй дæр... (Йæхи- цæн.) Нæ зонын, цæмæй райдыдæуа йемæ... К о р р а д о. Цæй кой кæныс? Ф е р н а н д о. Мæнæ ацы æнахуыр цауы тыххæй... Мæ фæсонæрхæджы дæр никуы ’рцыдаид, искуы дæ мæнæ ам, Аппенины хæхты дæлфад мæ фы- дыфсымæры аргъуаны фендзыиæн... Радзур-ма мын дæ хабæрттæй истытæ. Кæцæй дарыс дæ фæндаг? Стæй — кæдæм? К о р р а д о. Нæ зонын. Ф е р н а н д о. Гъæ-гъа, уæдæ, уый та ноджы хуыздæр. О, фæлæ... Ных- хатыр-ма кæ, хъуыды ма йæ кæнын, æз Катанийæ Риммæ куы цыдтæн, уæд дæуæн уыдис бинойнаг. К о р р а д о. О, уыди. Ф е р н а н д о. Стæй дæ бинойнаг уыди, кæд ма исты зонын, уæд тынг зæрдæмæдзæугæ æмæ тынг диссаджы рæсугъд сылгоймаг... К о р р а д о. Диссаджы рæсугъд. Ф е р н а н д о. Æмæ ныр цы фæци? Амарди?
К 0 р р а д о. Цыма нæ. Ф е р н а н д о. Цыма, зæгъыс?.. О, фæлæ... Хыл фестут? Ахицæн стут? К о р р а д о. Ахицæн стæм. Фернандо. О, фæлæ йын цы ’фсон уыд? К о р р а д о. Æбуалгъ æфсон. Ф е р н а н д о. Æбуалгъ? Мæнæн æй нæ зæгъыс? К о р р а д о. Нагъ. Фернандо. Ныр Катанимæ дарыс дæ фæндаг? К о р р а д о. О. Ф е р н а н д о. Æвæццæгæн, дæ бинойнаджы уым ссарыныл дарыс дæ зæрдæ. К о р р а д о. Стæй мæ чызджы. Фернандо (дксгæнгæ). Стæй дæ чызджы? К о р р а д о. О, мæхп чысыл Адæйы, цыппæрдæс азы кæй нæ федтон, уый. Бæргæ, исты бæрæг куы базонин сæ хъысмæты тыххæй, фæлæ, ме ’на- мондæн, ды дæр ницы зоныс... Ф е р н а н д о. Чысыл цыдæртæ зонын. Коррадо. Цытæ дзурыс? Æгас сты? Дзур тагъддæр! Кæм сты, Ката- лшйы? Фернандо. Ома, зæгъын... Цы, уый зоныс, мæ хæлар: дæ бинойнаджы тыххæй дын зонын цыдæртæ, фæлæ дæ чызджы тыххæй... Коррадо. Иæ мадимæ и чызг? Ф е р н а н д о. Кæцæй. К о р р а д о. Федтай Розалияйы æви нæ? Ф е р н а н д о. Федтон æй, æмæ дæ кæд фæнды ногæй йемæ бацæрын... К о р р а д о. Омæ, уæдæ, æндæр цæй охыл хæтын дунейыл! Ф е р н а н д о. Ам баззай, уæдæ! Коррадо. Ам баззайон? Фернандо. Ам цæры Розалия. Коррадо (йæ хъустыл не ’ууæнды). Розалия ам и! Сайгæ мæ нæ кæ- иыс? Ау, афтæ тагъд æй ссардтон? Ф е р н а н д о. 0, Хуыцау! Цыдæр кодта! Нæма йын æй хъуыди зæгъын. Коррадо. Нæ, нæ, ницы кæны... Слæмæгъ и мæ зæрдæ... Розалия! О, фæлæ Адæ та? Ф е р н а н д о. Куы дын зæгъын, дæ чызг йемæ нæй. К о р р а д о. Фидарæй йæ зоныс? Ф е р н а н д о. Æнæгуырысхойæ. Коррадо. О, Хуыцау! О, Хуыцау! Амарди: ахæм тæссонды мыггаг уыди... Хъуæгтæ, æххормаг, бирæ хъæуы ахæм лæмæгъ сывæллонæн... Дзæ- гъæл фыдæбон... Нал æй фендзынæн, никуал. Ф е р н а н д о. Чи йын цы зоны. Кæд, мыййаг, ахуыр кæны ам искуы. •Фæхæц дæхиуыл, Розалия дын радзурдзæн хабæрттæ иууылдæр. Коррадо. Ды раст зæгъыс: раздæр уал базонын хъæуы хабæрттæ... бирæ цыдæртæ базонын хъæуы мæн, Фернандо: Розалияйы ма мæн фенын 23
фæнды æви нæ? Иæ зæрдыл ма мæ дары? Нæ, уымæн уæвæн нæй! Ахæм хуызæнæй мæ куы фена, уæд мæ фæтæрсдзæн. Фернандо. Фæтæрсдзæн, зæгъыс?.. Сымах кæрæдзийы цы уарзтæй уарзтат... æцæг уарзондзинад та алцы дæр ныббары. К о р р а д о. Алцы дæр? Фернандо. Алцы дæр, кæй зæгъын æй хъæуы... Стæй Розалия ахæм хæларзæрдæ уыди... К о р р а д о. Цымæ ма ныр дæр ахæм хæларзæрдæ у? Æрымысы мæ искуы? Дзур-ма! Нæ зоныс? Иунæг фарст ма: мæгуыр цард кæны Роэалия, афтæ нæу? Цæмæй цæры? Куыд цæры? Фернандо. Сывæллонмæ цæстдарæгæй кусы, гувернанткæйæ. К о р р а д о. Гувернанткæйæ? Мæ бинойнаг? Кæмæ? Фернандо. Иу уæздантуг адæймагмæ. Коррадо. Сылгоймаджы хæдзары? Фернандо. Нæлгоймаджы. Доктор Арриго Пальмиерийы хæдзары. Чызг ын ис... тынг дзæбæх чызг ын ис... Тынг дзæбæх чызг. К о р р а д о. Иæхицæн ис бинойнаг? Фернандо. Идæдз у. К о р р а д о. Идæдз? Цал азы йыл цæуы? Фернандо. Иу æхсæрдæс æмæ ссæдз. К о р р а д о. Æрыгон у нырма!.. Æмæ Розалия йæ чызгæн гувсрнанткæ у, гувернанткæ æрмæстдæр? Ф е р н а н д о. О, кæй зæгъын æй хъæуы, мæнмæ гуырысхойаг нæ кæсы. К о р р а д о (йæ къух нылхъивы). Бузныг, дон Фернандо! Фæлæ уый- бæрц рæстæг... Цæугæ та йыл нудæс азы йеддæмæ нæма кодта, куы йæ ныу- уагътон, уæд! Ф е р н а н до. Уыдæттæй цы зæгъынмæ хъавыс? К о р р а д о. Фæрсыс ма мæ? Табу Хуыцауæн, мæрдтæн сæ фынæй дæр мæрдон фынæй вæййы... Бæллæх уаид, райхъал уæвын сæ бон куы уаид,. уæд. Фернандо. Цыдæр æнахуыр ныхæстæ кæныс? Коррадо. Ницы сæм и ахæм æнахуырæй, мæ хæлар: мæн фæнды мæрдон фынæй бауын, æнусмæ. Ф е р н а н д о. Хуыцауæй дын ард хæрын, ницы дын æмбарын... Фæлæ* дын мæ бон у дæ зæрдæ балхæнын: Розалия абоны онг дæр у дæ бинойнаг æмæ цæттæ у, ды йын кæдæмдæриддæр зæгъай, уырдæм дæ фæдыл ацæ- уынмæ. К о р р а д о. Мæ фæдыл ацæуынмæ? Ф е р н а н д о. Бауырнæд дæ. Мæнмæ гæсгæ, æвзæр нæ уаид, Катанимæ куы бафардæг уаиккат, уæд, уæхиуæттæм... К о р р а д о. Цавæр хиуæттæм? Фернандо. Розалияйы ныййарджытæ нал сты? Ие ’фсымæр ма æгас- уыдзæн, Алонзо. Коррадо. Алонзо! Мæнæ мын цы ном загъта... Алонзо! (Бандоныл æрхауы æмæ йæ цæсгом йæ къухтæй амбæрзы). 24
Фернандо. Коррадо, нæ дын æмбарын дæ катайы ’фсон. Ницы дын æмбарын... цы загъдæуа... (Æрбацæуы монсиньор.) ФÆНДЗÆМ ФÆЗЫНД Дон Фернандо, Коррадо æмæ монсиньор. Фернандо. Æрбацæуы монсиньор йæхæдæг. Монсиньор. Цæй, чи разынди ацы дæ хæлар? Ф е р н а н д о. Чи... Базонгæ ут: Розалияйы лæг. Монсиньор (фестъæлфыди). Цы, дам? Бæргæ, æцæгтæ куы дзурис! Розалияйы лæг Неаполы ахæстæтты бады, ис ын мыггагмæйы тæрхон. К о р р а д о (æваст фесты). Чи дын æй загъта, монсиньор? М о н с и н ь о р. Æмæ, уæдæ, уый ды дæ? 0, фæлæ цы ’гъдауæй? Суæгъд дæ кодтой? Зæгъ æцæгдзинад, ам мацæмæй тæрс. Ф е р н а н д о. Цыфæнды куы уа, уæддæр дæ мах аирвæзын кæндзыстæм. Лидзгæ ракодтай? Монсиньор. Дзургæ кæн, хуыздæр уыдзæн дæхицæн дæр. К о р р а д о. 0, йæ уæлдай ныхас ницы у. Ралыгъдтæн. Монсиньор. Ды сарæзтай, мæн цы фæндыди, уый. Уымæн æмæ зон, мæ лымæн: Розалияйы тæригъæддаг уавæр мæ зæрдæмæ афтæ тынг баха- стон æмæ сфæнд кодтон мæ бирæ дзырддзæугæ зонгæты руаджы дæу ахæ- стонæй рауадзын. Æмæ мын æнтысгæ дæр бакодтаид. Ныр дæхæдæг кæй. ралыгъдтæ, уый дæр мын мæ фæндтæ нæ фæсыкк кæндзæн, ахъаз дæр ма фæуыдзæн. Ныр та бавдæл, æмæ мын бæлвырдæй рахабар кæн де ’намонд хъысмæты цаутæ, уæд мын æнцондæр уыдзæн дæ сæрыл дзурын — цæмæй дæ ссæрибар кæной закъонмæ гæсгæ. Хъусын дæм, уæдæ! Мацы ныууадз фæсвæд дæ хабæрттæй. Стæй дын уæд бауат кæндзысты æмæ райсом дæ уськзæрдæ æваст балхæндзынæ — цæмæй хæйрæг у, ды ам кæй дæ, уымæн. Æз дæр ма цин кæнын суанг, ахæм æхсызгон ын уыдзæн дæ фенд. К о р р а д о. Уæу, мæ мастыл мын цæхх мауал кæнут! Дон Фернандо дын куы радзырдта мæ ускуырды хабæрттæ... Монсиньор. Чысыл цыдæртæ. Фернандо. Æмæ зонгæ дæр чысыл йеддæмæ нæ кодтон. Æрмæстæдæр хъуыды кæнын, Розалияйыл фыруарзтæй æрратæ кодтай, йæхæдæг дæр даг уарзта, кæд йæ ныййарджыты нæ фæндыди, уæддæр; уыдоны зæрдæмæ ды нæ цыдтæ, дзырдтой, æгæр тæвдтуг æмæ, дам, схъиуд у, æгæр цæхгæр æмæ æнæхсæст. Ноджы тынгдæр та сæ маст бацыди, ды, æнæ уæлдай ракæ-ба- кæйæ, иу диссаджы рæсугъд æхсæв Розалияйы куы аскъæфтай æмæ чындз- æхсæв куы скодтай, уæд. Цы зонын, уый. Стæй уæд Катанийæ афтыдтæн, æмæ дарддæр цы уыди, уыдонæн ницыуал зонын. К о р р а д о. Дарддæр та ноджы хуыздæр уыди. Уæхæдæг аргъ скæнут, йæ ныййарджытæм сæ маст дæр æмæ сæ зæрдæйы рыст дæр кæуылты уыдаик- кой, уый. Мæ бинойнагæн уыд æфсымæр, Алонзо. Уый баныхас кодта йæ фыдимæ, фæлæ сæ ныхас мæ пайдайæн нæ уыди: мæгуыр зæронд лæг сразы нс, мæ чызг, дам, кæд Коррадойы ныууадза, уæд ын фæстæмæ йæ фыды 25
хæдзармæ— фæндаг. Ныр уæдмæ Розалияйæн райгуырди хуры тыны хуы- зæн чызг. Цы нæ йын фæкодтой, цæмæй мæ ныууадза — зæндтæ йын амыд- той, лæгъстæ йын кодтой, æртхъирæнтæ — не сразы! Æмæ уæд ныффæнд кодтой Розалияйы мæнæй лæгдыхæй байсын, æмæ Алонзо уыцы хæс йæхи- мæ райста. Ноджы ма мыл хахуыртæ кодтой, алы тугтæ мыл мысыдысты, мæ ном мын цъыфимæ змæстой, хуыдтой мæ, æфсарм æмæ фарн кæмæ нæй, ахæм адæймаг — мæ фæсаууонмæ. Уыцы чъизи митæ мæнæн мæ хъустыл æрцыдысты æмæ йæ зыдтон, æнæ исты фыдбылыз мæ кæй нæ ныууадздзы- сты, уый. Иуæхсæв дын кæсын æмæ чидæр мæ хæдзармæ æрбахъуызы. Æз тигъы аууон æрæмбæхстæн æмæ æваст йæ уæлхъус алæууыдтæн. Уый уыдис Алонзо, Розалияйы ’фсымæр. Бæргæ, чысыл зондджындæр куы разындаид æмæ куы алыгъдаид, уый та ма мæм æртхъирæнтæ кæныныл дæр схæцыд, Мæнмæ! Æртхъирæнтæ! Мæгуырæг! Мæ туг мæ сæрмæ ныццавта, мæ къа- бæзтæ адымстысты! Дзыхъмард æй фæкодтон йæ мидбынаты! М о н с и н ь о р. Дзур дарддæр, Хуыцауæй æфхæрд лæг! К о р р а д о. Фæстæмæ фæкæсын дæр мын нал бантыст: æвиппайды мæ рацъипп ластой пъæлицæ уыцы тæккæ ран. Фездыхсæн мын ничердæмуал уыди. Ноджы ма уымæйразмæ дæр цалдæр хатты бахаудтæн сæ дзæмбы- тæм,— уыдæттæ дæр мын æрымысыдысты. Сæ тæрхон уыди хæрз цыбыр: йæ адзалы бонмæ ахæстоны фæбадæд. Монсиньор. Тæрхонгæнджытæ дын хъуамæ чысыл фæрогдæр код- таиккой дæ уавæр, мæстыгæр кæй рахастай æрдзæй, уый хынцгæйæ. К о р р а д о. Чн зоны. Æз, æцæгæй дæр, мæхиуыл зынтæй хæцыдтæн кæддæриддæр, мæ мады гуыбынæй рахастон уыцы сахъат. Цыппæрдæс азы фæбадтæн, фæлæ мæ масты дзæкъул кодта дæигæлæй-дæнгæлдæр. Мæ уавæ- ры ма сæвæрут уæхи. Цыди мыл аст æмæ ссæдз азы, уыдтæн артист, уыдис мын ус, сывæллон, æмæ мæ афтæмæй, сырдау, баппæрстой гуыдырæхгæд æфсæн къалатийы. Ноджы мæ цæстытыл уадысты алы æвирхъау нывтæ æмæ мын мæ хънзæмар дывæр кодтой. Мæ цæстытыл уади Розалия, хъæды ха- лонау иунæгæй, хъодыгондæй, мæгуырæй... фæлæ æвзонг æмæ тыиг рæсугъ- дæй. Цæмæй хъуамæ фæдардтаид йæхи? Кæнæ мæгуыры хызын, кæнæ та йæ намысыл йæ къух систаид. Æмæ-иу уæд камерæйы къултыл мæ сæр хойын байдыдтон фыр адæргæй, мæ богъ-богъмæ-иу ахæстоны кусджытæ фæфæдис сты, ноджы-иу мæ карздæр бафхæрдтой... Ноджы мæ чызг, Адæ,— дыууæ азы дæр ыл нæма цыди, рынчын, фæлурс, раст мæнæ мыдадзын зæ- дау. Хатгай-иу мæ цæстытыл уади, цыма хуыссы чырыны, йæ уæлæ бирæ дидинджытæ, хатгай та-иу мæ цæстыты раз слæууыди мæгуыргуры быз- гъуырты; цыма бады йæ мады хъæбысы æмæ йæ чысыл къухтæ ивазы адæм- мæ, куры мамæлайы къæбæр; арæхдæр та йæ мæ фынты уыдтон хъазздыг дарæсты, хъазгæ, хæппытæгæнгæ цавæрдæр бонджын хæдзары, цыма хъæ- быстæ æмæ батæ кæны цавæрдæр хъæздыг лæгæн, йæ мады хæзгулæн. Ацы хъизæмайраг фын мæ æппындæр цух нæ уагъта æмæ-иу уæд фырадæргæй мæхи нал æмбæрстон, сæнттæ цæгъдын-иу байдыдтон... 26
М о н с и н ь о р. Уырнынц мæ дæ ныхæстæ. Æмæ, цымæ, ныр кæд æцæг- тæ уыдтай дæ фынты, уæд та... Мæгуырæг! Гъы, æмæ дарддæр та цы уыди уæд? К о р р а д о. Дарддæр та ныффæнд кодтон алпдзын. Мæ судзаггаг сагъæ- стæ мæ сæрымагъзы афтæ арф ныххызтысты, æмæ сусæг тæфсæгæй сæйын байдыдтон, рызтæн мæ сæрæй мæ къæхтыбынмæ. Æмæ мæ уæд цæстдар- джытæ чысыл дзæбæхдæр ранмæ аивтой. Иуахæмы фæфидардæр дæн, фæлæ барæй мæхи срынчын кодтон, алидзын цыма мæ фæсонæрхæджы дæр нæй, уыйау. Гъемæ, куыд хъуыды кодтон, афтæ рауад. Сæрибарыл хъуыды ахæ- стоны адæймагæн йæ хъару дывæр кæны! Стыр фыдæбæтты фæстæ мын бан- тысти рудзыиджы æфсæйнаг хызбыд сызмæлын кæнын; стæй йæ уæд раф- тыдтон. Æрбырыдтæн ахæстоны кæртмæ, уырдыгæй та — быдырмæ... Ф е р н а н д о. Иттæг хорз! М о н с и н ь о р. Æмбарын æй, сæрибары уæлдæфæй куыд æхсызгонæн сулæфыдтæ... К о р р а д о. Нæу æй дæ бои бамбарын. Уый тыххæй хъуамæ ныгæдæй фæцæрай æнæхъæн цыппæрдæс азы: хъуамæ бонгай, сахатгай æхсæвæй-бо- иæй нымайай уыцы дæргъвæтин азтæ, хъуамæ иудадзыг уал азы дæргъы дæ былыцъæрттæ хæрай сæрибармæ, дæ бинонтæм, уæлдæфмæ, хурмæ! Афтæ мæм фæкасти, цыма дзыхъынногæй райгуырдтæн. Фæцыдтæн æхсæв-бонмæ, стæй мæ уæд арф ком йæ хъæбысы баууон кодта. Иу Хуыцауы уарзон лæг ъшн мæнæ ацы уæлæдарæс радта, иннæ та мæм иучысыл æхцайæ фæкасти, æмæ афтæмæй Аппенины хохæфцæгыл ардæм æрбафтыдтæн. Монсиньор. Дæ зæрдæйы цæстытæ дæ комкоммæ дæ усмæ æрба- кодтой. Фернандо. Ныфсхастдæр у, мæ лымæн! К о р р а д о. О, ныфс мæм æгæр дæр ма уыди, ис ма мæм ныр дæр. Фæ- лæ куы базыдтон, мæхи гыццыл Адæ ам нæй, йæ мадимæ, Пальмиерийы хæдзары... Мо н с и и ь о р. Мæхи Адæ загътай? Фæлæуу-ма... Дæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ дæ чызгыл хъуамæ цæуа æхсæрдæсæм аз... К о р р а д о. 0. М о н с и н ь о р. Уыдон сты, Розалия хъомылгæнæг цы чызгæн у, уый азтæ. Фæлæ дæхæдæг ахъуыды кæн: Пальмиерийæн йæхи чызг раджы амарди. Ф е р н а н д о. Æцæг? Монсиньор (стъолмæ бацæугæйæ). Мæнæ йæ адзалы тыххæй æвди- сæндар, доктормæ дæр æй равдыстон æмæ... Коррадо (фестъæлфы). Æмæ, уæдæ, йæ мад чи у уыцы чызгæн? Монсииьор. Уый тыххæй æз... К о р р а д о. Дæ Хуыцауы хатыр бакæн, зæгъ æй æргомæй! М о н с и н ь о р. О, Хуыцау, мæнæ æрхъæцмæ куыпнæ хъæцы! Æз ахæм- тæ дзураг нæ дæн, фæлæ... æрмæст уый зæгъинаг дæн: докторы чызг кæй хонæм, уый кæд, мыййаг, дæ чызг Адæ у... К о р р а д о. Адæ? 27
Фернандо. Дæлимонтæй ард хæрын!.. Нæй уæвæн уымæн! Монсиньор. Æркæсын хъæуы! Цæмæй ацы куырмæлхынцъ райхалæм, уый тыххæй зæгъын хъæуы... К о р р а д о. Ау, уый та куыд... Адæ, мæ гыццыл чызг, кæйдæр лæджы йæ фыд рахона? Иæхи фыды бæсты æндæр кæйдæр уарза? Æмæ, уæдæ, мæ цæстытыл цы нывтæ уади, уыдон бынтон æнæсæрфат нæ уыдысты? Фернандо. Рæдийгæ кæныс, бауырнæд дæ. М о н с и н ь о р. Дæ чызгыл ницы сæрмагонд бæрæг нысан и, цæмæй йæ базонай, ахæмæй? К о р р а д о. Омæ йыл цæй бæрæг нысан хъуамæ зонон, куы загътон, дыууæ азы дæр ыл нæма цыди, куы йæ ныууагътон, уæд. Монсиньор. О, уый афтæ у... Æнну, ныййарæг фыды уыдæтты сæр’ хъæугæ дæр ницæмæн кæны, зæрдæ йæ йæхæдæг... К о р р а д о. Мæ зæрдæ йæ базондзæн... Фæлæ æнæхъæн цыппæрдæс азы... Монсиньор. Розалияйы дзæбæх бафæрс: куыд мад, афтæ дын дзуапп раттæд йæ чызджы тыххæй, куыд ус, афтæ та — йæхи тыххæй. К о р р а д о. Иæхи тыххæй? М о н с и н ь о р. Ие ’хæс у уый дæ разы. К о р р а д о. Ие ’хæс? Нæ зонын, монсиньор. Æрмæстдæр иу зæгъын у мæ бон: кæд мæ уды быцъынæг тыдтон Розалияйы уындмæ, кæд æм стыр- дæлхдурты сæрты фæцыдтæн, уæддæр ныр, куы йæм æрбаввахс дæн, уæд: цæттæ дæн фæстæмæ ахæстонмæ мæ сæр фесафынмæ. Монсиньор Цæмæн? К о р р а д о. Нæ зонын. Фернандо. Ныфсхастдæр у, Коррадо! Ды ныртæккæ тыхст æмæ уырыд дæ, ныффæлладтæ. Ныртæккæ дæу хъæуы дзæбæх бахсæвæр кæнын æмæ дæ фæллад суадзын. Монсиньор. Гъе, гъе уыцы дыууæ хъуыддагыл та ды бацархай, Стæй уæд райсом... Ма тыхс, Стыр Хуыцауæн зын иицы у. Коррадо. Æмæ уæд йæ раст тæрхонæй та кæдæм аирвæздзынæн? Хуыцауæн мæ йæ хорзæх æрбакодта ардæм, æви йæ раст тæрхон?.. Райсом æй базондзыстут! (Дон Фернандо ацæуы.) ÆРТЫККАГ АРХАЙД Фыццаг архайды декораци. ФЫЦЦАГ ФÆЗЫНД Æрбацæуы Монсиньор, йæ фæстæ Агатæ. Монсиньор. Абон уæддæр нæй йæ хæдзары доктор? Агатæ. Куы загътон монсиньорæн, ацы тæккæ сахат зилы рынчынтыл, 28
Тагъд не ’рбаздæхдзæн: иуæй сæ дзæбæх кæны, иннæмæй та сын сæ зонд галиуырдæм аразы, Хуыцауы ныхмæ. Монсиньор. Бирæ йын нал баззади, багъæц. Агатæ. Хуыцауы дзыхæй куы рацæуид! Абон дæр æм банхъæлмæ кæ- сын ис уæ зæрды? Монсиньор. Æгъгъæд фæуæд. Уыцы сылгоймагмæ мын фæдзур. Агатæ. Ныртæккæ. Кæд æрцæудзæни кæрон ацы æнæхуыцау митæн? Монсиньор. Рæхджы. Агатæ. Ехх, бæргæ, бæргæ! (Ацæуы галиуырдæм.) Монсиньор. Æнæхуыцау митæ, чи зоны, фылдæр дæр фæуой. Уый аразгæ у, Розалия мын цы дзуапп ратдзæн, уымæй. Тохæн кæнæ йæ кæрон æрхæццæ, кæнæ та дзыхъынногæй райдыдта. Фендзыстæм. (Æрбацæуы Ро- здлия.) ДЫККАГ ФÆЗЫНД Монсиньор æмæ Роэалия. Р о з а л и я. Дзургæ мæнмæ бакодтай, фæлæ дæ ныхас кæд мемæ нæу, л<æд докторимæ у дæ ныхас? Монсиньор. Уыйимæ фаг фæныхас кодтон знон. Р о з а л и я. Æгæр дæр ма. М о н с и н ь о р. .Чи зоны. Фæлæ ’рсабыр уæд дæ зæрдæ, дæуæн уайдзæф- тæ кæныны сæр мæн ницæмæнуал хъæуы: ацы хæдзары, Хуыцауы уынаф- •фæйы фæрцы, дæу бирæ цæрын нал бахъæудзæн. Р о з а л и я. О, зонын æй: монсиньор, йæ фыр зæрдæхæларæй, бардзырд радта мæ ирвæзынгæнæг Пальмиерийæн, цæмæй мæ æвæстиатæй йæ хæдза- рæй атæра. Мæнæн мæ бон у дæуыл тæрхондонмæ бахъаст кæнын, иунæг лзырд, иунæг улæфтæй дæр мæнæн мæ бон бауаид дæ кæнгæ цæсгом, дæ тыхарæзт уæздандзинад равдисын. Æмæ уæд арвæй бæрæгдæр разыниккой дæ цæстмæмитæ, адæм фениккой, пехуымпар нæ, фæлæ дыдзæсгом кæй дæ, уый. Ды йæ зоныс, хорз æй зоныс, мæнмæ мисхалбæрц дæр кæй ницы азым ис, уый, ам, ныртæккæ, æнæ æвдисæнтæй уæддæр хъуамæ басæттис ууыл. Фæлæ мæм суанг комкоммæ ’рбакæсын дæр куы нæ уæндыс, æз дæм куыд кæсын комкоммæ, афтæ... Æмæ гъе уыцы уæлахиз мæнæн фаг у, монсиньор... Мæн нæ фæнды быцæу кæнын, нæ мæ фæнды, мæ удæн зынаргъ чи у, уыдо- ныл мæн тыххæй къæм абада, уый. Гъе уымæ гæсгæ æз æцæгæй дæр ацæу- дзынæн ацы хæдзарæй, ацы горæтæй. Монсиньор. Цæугæ акæн, кæд дæ афтæ фæнды, уæд, фæлæ иунæгæй нæ. Розалия. Хорз æй куы зоныс, ме ’намондæн кæддæр мæ лæг чи уыди, уый ныртæккæ цы худинаджы ран и, уый. Монсиньор. Уыди, зæгъыс? Ныртæккæ дæр дæ лæг у, мæ хъæбул. Лæ бон нæ баци æнæ дæу фæцæрын: Хуыцауы фæрцы йын бантыст йæ хъа- дамантæ ныффалгæрон кæнын... Фаг дын нæма у? Уæдæ ма дын уæд уый дæр зæгъдзынæн, æмæ дæ лæг ныр дыккаг бон ис мæнмæ, уазæгуаты. 29
Р о з а л и я (йæ хъустыл не ’ууæндгæйæ). Коррадо ам и?.. О, фæлæ цы хуызы? Цæмæн? Цы агуры ам? Монсиньор. Йæ бинонты. Р о з а л и я. Йæ бинонты? Монсиньор. Æнæмæнг. Фæлæ мæм стыр диссаг кæсы, суанг мæсты дæр ма кæнын, ацы хабар дын канд æхсызгон иæ, фæлæ хъыг дæр ма кæй у, ууыл. Æз та, зæгъын, тагъддæр ын æй фехъусын кæнон ацы æхсызгон ха- бар. Æз дæр ма куы бацин кодтон, Æндæр сылгоймаг мæ афонмæ фырци- нæй фæцæйхордтаид. Р о з а л и я. Æндæр сылгоймаг, фæлæ æз нæ. Монсиньор. Дзæбæх ахъуыды кæн, цытæ дзурыс, ууыл. Р о з а л и я. Ды та, уайдзæфтæ кæныны размæ, хъуамæ зонай... М о н с и н ь о р. Æз зонын, Коррадо дын де ’фсымæры кæй амардта, уый, фæлæ... Р о з а л и я. Æмæ ма, уæдæ, цæй монцмæ зæгъыс, бинонтæ йын ис, зæгъгæ? Æз йæ бинойнаг дæн, зæгъгæ? Куыд мæ цæрын кæныс йемæ? М о н с и н ь о р. Æз хъуыды кæиын афтæ, уымæн æмæ афтæ хъуыды кæнын мæнæй домы закъон. Дæ уавæр се ’нцонтæн нæу, уый æмбарын: цып- пæрдæс азы æнæ лæгæй фæцардтæ, дæ сæрæн цы зыдтай, уын бакодтай, стæй æваст фæзынди дæ лæг... бьштон æхцон хъуыддаг нæу, фæлæ гæнæн нæй, фæразын - хъæуы. Дæ лæгимæ æгъдауыл куы ацæуай, уæд хуыздæр уыдзæни, иунæгæй худинаджы цыд акæныны бæсты. Р о з а л и я. Ныффæраздзынæи фæлтау уыцы худинагæн. М о н с и н ь о р. Барæвзарæй дын нæу. Æви дæ ферох и, Коррадо мæс- тыйæ æррайæ уæлдай кæй нæу, уый? Æмæ ма ноджы дæумæ дæр йæ зæр- дæ истæмæй куы фехсайа... Р о з а л и я. Тыххæй мæ акæнынмæ хъавы йемæ... Монсиньор. Иæ фæсонæрхæджы дæр нæй, æгæр дæ уарзы. Фæлæ æхсоны куы цæвай, уæд цæхæртæ калы... Ам æнхъæлмæ кæсыны бæсты йæм дæхæдæг куы фæзынис, уæд хуыздæр уаид... кæнæ та дæ мæхæдæг дæр фæхæццæ кæндзынæн йæ хъæбысмæ. Р о з а л и я. Æз? Иæ хъæбысмæ? Монсиньор. Байхъус-ма. Дæ лæгæн ныртæккæ тæссаг ницæмæйуал у, ам æй зонгæ дæр ничи кæны æмæ йæ аргæ дæр ничи скæндзæн. Стæй йын æнæуый дæр зæрдæ бавæрдтон, ахæстонæй йæ кæй рауадзын кæндзынæн,— æмæ мын уый æнтысгæ дæр бакæндзæн. Фæцæут æндæр арвы бынмæ, æмæ уыдзыстут амондджын. Уыныс дæхæдæг: æз фыдæхæн дзуапп дæттын хæр- зиуæгæй. Байхъус мæнмæ, цом! Розалия (асагъæс кæнгæйæ). Нæй гæнæн уымæн. М о н с и н ь о р. Бар дæхи, йæхæдæг дæр дæ ссардзæн, хæстæг и ардæм, Р о з а л и я. Хæстæг? Коррадо? Нæ, нæ!.. Монсиньор. Æмæ дæ дзуапп дæттын бахъæудзæн йæ фарстытæн, йæ бирæ фарстытæн... зæгъæм: кæй чызг дын у уый? Цы фæци йæ гыццыл Адæ? 30
Р о з а л и я (тарстæй). Адæ? М о н с и н ь о р. Ай-гъай... Уарзы йæ, фæнды йæ йæ фенын... Цыбыр дзырдæй, мæнæн ме ’хæс уыди адæттæ дæуæн рагацау фехъусын кæнын. Бирæ рæстæг дын нал баззад, æрсагъæс кæн де ’фсармимæ лæгæй-лæгмæ, æрцæттæ кæн дæхи ныхасмæ, æнцон ныхас нæ уыдзæни, кæй зæгъын æй хъæуы, дæуæн. Чи зоны, уыцы ныхасы ды разынай фыдгæнæджы бынаты, уый та — тæрхонгæнæджы. Хорзæй баззай, синьорæ! Р о з а л и я. Æмæ йын уæдæ цы зæгъдзынæ? Монсиньор. Иæ уындмæ дæ былыцъæрттæ кæй хæрыс... Р о з а л и я. Нæ! Фæлтау ын зæгъ, æмæ ма ’рбацæуа, бамбарæд мын мæ уавæр, фæтæригъæд мын кæнæд. Монсиньор. Уæууа, ахæм æдылы æнхъæл мын дæ? Цæф домбайы дзæмбытæм барвæндонæй мæхи куыд хъуамæ баппарон? Дзæбæх ахъуыды кæн, мæ къона, æмæ дæ хивæнды сæрты ахиз. (Ацæуы) Розалия. Коррадо! Коррадойы фендзынæн! Кæд фын уынын, мыййаг? Уыцы æвирхъау æхсæвы фæстæ! Уал азы фæстæ йæ хъуамæ фенон, хъуа- мæ ныхас кæнон йемæ! Абон! Ам! Мæ бон не суыдзæн, нæ мæм разындзæн уыйбæрц хъарутæ, не ссардзынæн ныхæстæ, нæ йæм бауæнддзынæн кæсын дæр! Раст загъта монсиньор, бирæ цæмæйдæрты мæ фæрсдзæн: æмæ куыд, цы хуызы йын радзурон æцæгдзинад? Цы йын зæгъон йæ чызджы тыххæй? Ницы? Æви æппæт дæр? Ме ’намондæн, синьор Пальмиери дæр ам нæй, кæй бафæрсон зондæй? Лидзгæ акæнон æви бамбæхсон? Æмæ мын фыддæр куы рауайа? Æниу мын чи радта уыцы бар æмæ йыл мæхи атигъ кæнон, алидзон дзы, ма йæ барæвдауон? Йæхæдæг мыл æрхъæцмæ куы нæ хъæцы... Уарзгæ йæ куы кодтон, мæ ныййарджыты куы ныууагътон æмæ йæ фæдыл куы алыгъдтæн? Ехх, æвæдза, ацы æнахуыр, æвирхъау уавæры куы «æ бахаудаин, уæд æй бæргæ ныккæнин мæ хъæбысы. Фæлæ, о Хуыцау! Куы ’рбацæуа æмæ мын куы байса... куы фехала... (Æрбацæуы Эммæ.) ÆРТЫККАГ ФÆЗЫНД Розалия, Эммæ. Э м м æ (хæстæг æм бацæуы). Цы кæныс, Розалия? Р о з а л и я. Куы ницы, мæ дзæбæх Эммæ. Э м м æ. Ницы? Æцæг зæгъыс? Абон, цыма, иннæ бонтæй æнкъарддæр дæ, афтæ мæм кæсы, æмæ дæм мæ зæрдæ ’хсайы. Иу ба мын уæддæр акæ, нæ дæн уый аккаг? (Розалия йын ба кæны.). Цæссыгтæ? Цæуыл кæуыс? Цыдæр æнахуыр каст мæм кæныс? Мæ цæсгомы хуыз дæ зæрдæмæ иæ цæуы? Рынчын æнхъæл мын ма у? Р о з а л и я. Куы нæ. Э м м æ. Цы кæныс, уæдæ? Мæ фыд дæр цыдæр æрхæндæг у. Хæдзармæ нал тагъд кæны фыццагау; куы вæййы, уæддæр дзы ныхас нæ хауы, æн- къард... 0, Хуыцау! Цы йыл æрцыд? Истæуыл мæм смæсты? Йæ зæрдæ мыл фæхудти? 31
Розалия. Дæуыл? Мæгуырæг, цæуыл дыл хъуамæ фæхуда йæ зæрдæ? Э м м æ. Кæд ныл иставæр бæллæх æрцæуинаг у? О, Хуыцау! Ддур-ма, кæд исты зоныс, уæд! Дзур-ма! Розалия, Бæллæх?.. Не ’нхъæл дæн... Мæгуырæг, Эммæ! Бирæ уарзыс дæ фыды? Э м м æ. Æз æй ахæм уарзтæй уарзын, æмæ йæ нæу мæ бон ныхæстæй зæгъын. Хъуыды ма йæ кæныс, институтмæ мæ куы арвыста, Неаполмæ, бирæ дзы бафæрæзтон? Уымæн æмæ æнæ уымæй мæ бон нæ уыди фæцæ- рын... Хъусыс, æз чындзы дæр нæ фæцæудзынæн; нæ йæ æмбарын, куыд хъуамæ ныууадза чызг йæ ныййарджыты æмæ куыд хъуамæ ацæуа, рæстмæ зонгæ дæр кæн нæ кæны, ахæм адæймаджы фæдыл! Уый æвзæр чызг у! Цы кодтай, Розалия? Де ’рфгуытæ цы нылхынцъ кодтай? Æдылы ныхæстæ кæнын? Р о з а л и я. Цæмæн зæъыс! Æгæр рæстытæ дæр ма дзурыс, мæ чызг! Э м м æ.«Мæ чызг!» Куыд æхсызгон мын у, афтæ мæм кæй сдзырдтай. Цал æмæ цал хатты дын лæгъстæтæ кодтон, æдзух дæр мæм «мæ чызгæй» дзур, зæгъгæ, уæддæр та дæ ферох вæййы. Цæмæн уæд? Байхъус-ма, цы дын зæгъон, уымæ, æрмæст-иу мæм ма загъд кæ, Иухатт, иухатт нæ, фæлæ цалдæр хатты федтон фыны, цыма ды æмæ мæ фыд стут ус æмæ лæг, æз та, цыма, бадын уæ дыууæйы астæу уыцы амондджынæй... Райсомæй-иу куыддæр фехъал дæн, афтæ-иу уыциу згъорд акодтон мæ фыдмæ, йæ каби- летмæ, æмæ-иу æй иунæгæй бадгæ куы баййæфтон, уæд-иу йæ риуыл хæ- хъуырццæй фæкуыдтон. (Розалия адæргæй цы акæна, уый нæ зоны, йæ бон иу ныхас скæнын дæр нал у, æваст Эммæйы йæ хъæбысы акæны æмæ йæ уатмæ уыциу згъорд акæны.) Ныууагъта мæ иунæгæй... фæлæ мын цыдæр æнахуыр хъæбыс акодта! Ехх, уæд та æцæг куы рауаид, æдзух цы фын фæуынын, уый! Æниу æй канд фыны фæуынын исты? Цал æмæ цал хатты хъуыды кодтон ууыл æнæуый дæр!.. Стæй цæуыннæ хъуамæ уаид афтæ? (Æрбады сагъæсгæнгæ, йæ цæстытæ йæ къухтæй сæхгæны.) Æрбацæуы Коррадо. ЦЫППÆРÆМ ФÆЗЫНД Эммæ æмæ Коррадо. Коррадо (дуарæй) Кæм и, уæдæ?.. Нæ йæ фæнды мæ фенын? (Уат- мæ бахизгæйæ бафиппайы Эммæйы.) Цавæрдæр чызг... Кæд, мыййаг, уый у? (Хъавгæ йæм бацæуы, цæмæй йæ дзæбæхдæр фена æмæ йæ цæстытæ рав- диса, уый тыххæй йын сабыргай йæ къухмæ бавналы.) Э м м æ (бандонæй фесты æмæ тарстхуызæй иуварс ацæуы). Цыдæр æна- яуыр лæг. Чи дæ? Кæй агурыс? Мæ фыд дæ хъæуы? К о р р а д о (æваст). Æмæ чи у дæ фыд? Э м м æ. Тынг хорз адæймаг. К о р р а д о. Омæ, чи у уæддæр? Э м м æ. Уый адæмы ’хсæн нымад у хæрзгæнæгыл, доктор Арриго Паль- .мнери. 32
К о р р а д о. Пальмиерн? Э м м æ. Зоныс æй? К о р р а д о. Фæндид мæ йæ базонын. Э м м æ (дарддæр дзы йæхи аласы). Уæдæ уæд... К о р р а д о (хæстæгдæр æм цæуы). Уæдæ уæд... цы? Э м м æ. Хæстæг мæм ма цу. К о р р а д о. Цæуыннæ уæд? (Æдзынæг æм кæсы.) Э м м æ. Охх, дæ цæстытæ — зынджы къæрттытау... ма мæм кæс! К о р р а д о. Нæй мын æнæ кæсгæ дæумæ. Эммæ. Æнæ кæсгæ дын нæй? (Бамбæрзынмæ хъавы йæ цæстытæ.) К о р р а д о. Бауадз-ма мæ æмæ дæ дзæбæх фенон. Каэддæра дæ цæс- гомы конды мæ чызджы æнгæсæй ницы ис. Э м м æ. Чызг дын и дæуæн?.. Уæдæ дæ афтæ тынг нал тæрсын: фыд чи уа, уымæн æвзæр адæймаг уæвæн нæй. К о р р а до. Уый раст у! Æмæ ноджы зæрдæхæлардæр та уаин, мæ чызг абон мæ уæлхъус куы уаид, уæд. Э м м æ. Сæфгæ дын фæкодта? К о р р а д о. О. Фæлæ йæ ссардзынæн, кæд ма удæгас у, уæд. Фæлæуу- ма, дзæбæх дæм бакæсон. (Кæсы йæм æдзынæг йæ цæстытæ дзы æппындæр мал иртасы.) Цæй æдылы дæн, æвæдза! Куыд æй хъуамæ базонон. Дæ ном ма мын зæгъ. Э м м æ. Эммæ. К о р р а д о. Эммæ? Э м м æ. Дæ зæрдæмæ нæ цæуы мæ ном? К о р р а д о. Цæмæн зæгъыс. Фæлæ хуыздæр уыдаид, дæ ном Адæ куы хуындаид, уæд. Э м м æ. Цæмæн Адæ? К о р р а д о. Мæ чызджы ном у уый. Ахæм номæй дæм никуы ничи сдзырдта? Э м м æ. Ничи. К о р р а д о. Ау, дæ мад дæр... Э м м æ. Мæ мад мæрдты дзæнæты бадæд. К о р р а д о. Мæрдты? Докторы бинойнаг уыди? Э м м æ. О, æмæ мæн аргæйæ амард. Коррадо (йæхицæн). Гæды ныхас! 0, æлгъыстаг гуырысхо! Адæ амарди, докторæн йе ’цæг чызг дæр амарди... Уæдæ уæд кæй чызг у ай та? Розалияйы? Аба йын кæнин, æви... (хæстæгдæр æм бацæуы.) Э м м æ (фæтæрсгæйæ). Тæрсгæ дæ кæнын. К о р р а д о. Нæ, нæ, мæ къона, ма тæрс. Э м м æ. О, фæлæ дæ цæстытæ ахæм знæт сты... К о р р а д о. Æдзух нæ вæййынц ахæм знæты: сæ мидæг вæййы уарзт дæр, цæссыгтæ дæр,— бирæ цæссыгтæ, судзаггаг цæссыгтæ! Æрбакæс-ма мæм. Э м м æ. Фæлмæн ныхас куы фæкæныс, уæд та дæ ноджы тынгдæр тæрсын. 3 Мах дуг № 4 33
К о р р а д о. Тæрсыс, ризыс иууыл! Дæхæдæг куы загътай, зæнæджы ад чи базоны, уымæн æвзæр уæвæн нæй, зæгъгæ... Цæй, бавдæлæм, æмæ дæ æз. Адæ хондзынæн, ды та мæ дæ фыд хоа Дæ фыд уæвын мæ фæнды. (Фæцæй йæм цæуы.) Э м м æ (йæхи дзы иуварс ласгæйæ). Ды мæ фыд дæ? К о р р а д о (уынгæг хъæлæсæй). О, фæлæ кæд æз нæ дæн, уæд сар дæ сæр кæны! Сар дæ сæр кæны! Э м мæ. О, Хуыцау! баххуыс кæнут! Æрбацæуы Розалия ФÆНДЗÆМ ФÆЗЫНД Розалия, Эммæ, Коррадо Розалия (Коррадойы нæ уынгæйæ). Цы кодтай, Эммæ? (Коррадойы ауынгæйæ, тарст хъæр фæкæны, стæй Эммæйы йæхимæ нылхъивы, акæны йæ, цы дуарыл æрбахызти, ууылты, æрбаздæхы фæстæмæ, къæсæргæрон сæргуыбырæй æрлæууы.) Коррадо. Розалия! (Розалия йæ къухтæй йæ цæсгом бамбæрзы.) Мæрдтæйдзæуæг куы нæ дæн, цæмæй мæ тæрсыс? Дæхæдæг мæм не ’рба- цыдтæ, фæлæ дæм æз кæй фæзындзынæн, уымæ уæддæр не ’нхъæлмæ кас- тæ? Нæ дæ ’мбарын æпиындæр. Нæ зонын, цæмæй фæтарстæ: мæнæй, æви мæ уыцы чызгимæ кæй æрбаййæфтай, уымæй, мæ чызгимæ. Р о з а л и я. Адæ йæ фæхуыдтай? Сæнттæ цæгъдыс, æвæццæгæн. Нæ дын загъта, йæ ном Эммæ кæй хуыйны, уый? К о р р а д о. Загъта. Р о з а л и я. Доктор Пальмиерийы чызг кæй у... К о р р а д о. Загъта уый дæр,— фæлæ ды та цы зæгъыс? Р о з а л и я. Æз дæр уымæй уæлдай ницы. Коррадо. Дæ къух мæм авæр, уæдæ. Доктор Пальмиерийы чызг у« зæгъыс? О, фæлæ доктор Пальмиерийæн уыдис зыбыты иунæг чызг æмæ йын раджы амарди. Гъеныр дæ æз бафæрсдзынæн æмæ мын ды та дзуапп рат- дзынæ: чи у йæ мад, мæнæ ныртæккæ мæ цурæй кæй федде кодтай, уыцы чызгæн? Р о з а л и я. Чн у йæ мад? Нæ зонын. Мæн уыцы чызгæн хъомылгæнæ- гæй куы баххуырстой, уæд ахæм мæгуыр уавæры уыдтæн, æмæ ма рафæрс- бафæрсыл дæр схæцыдаин, йæ метрикæ йын æрдомдтаин, уый мæ бои нæ уыди. Йæ фыды йын бафæрс. К о р р а д о. Бафæрсдзынæн. Ныр иннæ фарста: кæм и Адæ? Цы йын. бакуыстай? Розалия. Æнахуыр фарст! Цы йын бакуыстон? Амарди. К о р р а д о. Адæ амарди? Р о з а л и я. О, амарди. Дæ фыдракæнды фæстæ иыл адæм хъоды куы бакодтой, уæд цæмæй хъуамæ фæдардтаин мæхи дæр æмæ мæ чызджш дæр. Амарди уазал æмæ стонгæй. 34
К о р р а д о. Мæхи гыццыл Адæ?., Æмæ мын æй дзурыс, дæ цæст дæр нæ фæныкъулгæйæ? Нæ мæ уырны. Равдис-ма мæм æвдисæндар нæ амарды тыххæй. Р о з а л и я. Цæугæ Катаниямæ æмæ йæ уым сбæрæг кæн. Нæй дын уыцы бар æмæ мæн бакъуымы кæнай, уадзгæ нæ куы ныккодтай. Коррадо. Æз уæ ныууагътон?.. Æз?.. Æмæ уæд цыппæрдæс азы дæргъы та мæ уд мæ армы цæй охыл фæхастон, цæмæн мыл фæкуыстой цыпиæрдæс азы, давæггаг бæхыл куыд фæкусай, афтæ, æмæ куыннæ ным- мардтæн фыргуыстæй уыцы хъизæмайраг уавæрты — рæхыстæ æмæ хъада- манты уæзæй? Цæй охыл-иу ныффæрæзтон æгады æфхæрд æмæ фыднадæн? уал азы дæргъы иунæг æрдуйыл куы хæцыдн мæ уд, æмæ уыцы æрду мæ бинойнаг æмæ мæ чызджы уæд та ма иу хатт феныны ныфс куы уыди! Саудалынг æхсæвты цæй тыххæй фæхырхтоп æмæ фæсастон ахæстоны æф- сæн рудзгуытæ? Адзал æрдумæ нæ даргæйæ, æхсæв-бон нæ хынцгæйæ, мæ рæхыстæ æмæ хъадамантæй æфхæлд къæхтæн сæ туг кæлгæ, кæдæм цыдтæн æдзæрæг хæхты æмæ хъæдты? Кæдæм тыдтон мæ уды быцъынæг? Мæ усы цы хæдзары ныууагътон, уырдæм. Кæй агурæг фæкодтон цæрддзу? Роза- лияйы, мæ фыццаг уарзт, ацы мæнг дупейыл мæ удæй фылдæр кæй уарзтон, уыцы сылгоймаджы агурæг. Æрмæст, цæй тынг цыбыр уыди уыцы амонд! 0, Хуыцау! 0, о, мæхи Розалияйы агуырдтон, цæмæй йын зæгъон: «Æрба- кæс, цас фыдæбон бавзæрстон, уымæ, æмæ мын ныббар!» Цæмæнты ныф- фæрæзтон, цæмæй æрхауон дæ къæхты бынмæ (йæ. уæрджытыл æрхауы), разынæд дын уый бæрц парахат зæрдæ, сис мæ æмæ рацу мæ фæстæ. Р о з а л и я. Демæ? Нæ, нæ! Æз дын тынг тæригъæд кæнын, фæлæ дæ- хæдæг та, ды нын кодтай тæригъæд? Зыдтай йæ, чызг дын кæй ис, рынчын, лæмæгъ; бинойнаг дын кæй* ис, дæу тыххæй йæ ныййарджытыл йæ къух чи систа æмæ уый адыл адæм иууылдæр æвдисæн кæуыл бакодтой... Фæлæ ма- хæн фæтæригъæд кæнын дæуæн дæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыди, ды ацыдтæ дæ масты фæдыл! Хорз æй зыдтай, не скаст, нæ удлæууæн æрмæст- дæр ды кæн дæ, æнæ дæу кæй фесæфдзыстæм æвæгæсæгæй, æххормагæй, нæ цард кæй уыдзæии куыдзæмгад! Фæлæ нæ ды ферох кодтай, дæу фæи- дыди æрмæстдæр дæ маст райсын. Ды мын амардтай ме ’фсымæры... Коррадо (сабыргай стгæйæ). Уыцы адæймаджы кой мæ цуры ма кæн!.. Æнæуый дæр уал азы дæргъы зæлланг кодта мæ зæрдæйы, карз уайдзæфау. Алонзо мæнæй байсынмæ хъавыди, мæ рæбыны æппæтæй зы- наргъдæр цы уыди, уый... æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта... О, уый уыди стыр фыдракæнд, фæлæ йæ æз бафыстон мæ бирæ хъизæмæрттæй. Р о з а л и я. Афтæ дæм кæсы? Гъемæ фæуæд афтæ дæр. Фæлæ фыдра- кæндæн йæ худинаг æнусон у, адæм æй нæ рох кæнынц, йæ тæригъæды азар ма суанг кæстæр фæлтæрты дæр басудзы. Ахæстоны дыл рæхыстæ чи бафтыдта, уыдон уыцы иу рæстæг атыдтой, æз æмæ дæу цы рæхыстæ бастой кæрæдзиуыл, уыдон... Коррадо. Нæ, Розалия, закъон афтæ нæ амоны. Р о з а л и я. Закъон? Ау, æмæ рæстæг къаддæр закъон у? Зæрдæ къад- дæр закъон у? 35
К о р р а д о. Гъемæ бафæрс дæ зæрдæйы. Кæд æмæ дам-думтæй тæр- сыс, æфсæрмы кæныс адæмæй, уæд асайдзыстæм се ’ппæты дæр. Кæд æмæ мæ номыл худинаджы гакк сбадти, уæд æй раивдзынæн... Ацæудзыстæм, дард æбæрæг бæстæтæм нæ сæр фесафдзыстæм, ды кæдæмдæриддæр зæгъай, уырдæм... Розалия. Коррадо, дзæбæх ахъуыды кæн: дæуæй мæн æхсæн лæууы дыууæ æндæрджы: ме ’фсымæры æндæрг æмæ мæ мады æндæрг. Мæ мад дæр йæ фырты фæстæ йæ цард йæхицæн адджын нал скодта, æмæ йæ уд систа мæн æлгъитгæ... Фæлæ уыдæттæм дæр нæ фæкастаин, куы мæм æрба- цыданс, уæд. Ацыдаин дæ фæдыл... Фæлæ цыппæрдæс азы!.. Рæстæг домы йæхиуæттæ... Скæс дæ Хуыцаумæ!.. Иу хатт мæ фæкодтай хæдзархæлд æмæ æгъгъæд фæуæд. Ныр ма мын баззади ацы сæрфæцæвæн æмæ мæ уымæй дæр хауæггаг ма фæкæн. Ацу, дæ Хуыцауы хатырæй! Коррадо. Цæугæ!? Дæу та ацы хæдзары ныууадзон? Никæд! Кæд мæ номы худинагæй афтæ тынг стъæлфыс, уæд хъуамæ рох ма кæнай, дæхи номмæ цы худинаг æнхъæлмæ кæсы, уый дæр. Р о з а л и я. Цæй кой кæныс? К о р р а д о. Ныронг хъыпп-сыпп дæр цæй тыххæй не скодтон, уый кой,— æгæр бирæ цæмæдæрты æнхъæлмæ кастæн æз дæумæ. Ныр дын басгæрстон дæ зæрдæ æмæ йæм мæ фæндаг разынди гуыдырхгæд. Æмæ дын зæгъын: дæхи фæнд куы тæрай нырæй фæстæмæ дæр, мемæ рацæуыныл куы не сразы уай, уæд æз æцæгæндæр ахъуыды кæндзынæн, мæрдтæйдзæуæг кæй дæн æмæ, æндæргау, кæй фæзындтæн, дæ сусæгдзинæдтæ раргом кæнынмæ, дæуæн дæ цин, дæ амонд фехалынмæ. Р о з а л и я. Мæ цин, мæ амонд фехалынмæ? К о р р а д о. Æз ахъуыды кæндзынæн, ацы ног хæдзар дын кæй у ад- джындæр дæхи кæддæры хæдзарæй æмæ дзы кæй æмбæхсыс дæ ног уарзон- дзинад, дæ ног чызджы. Розалия. Тынг хорз! Хъуыды кæн афтæ! Хъуыды кæн, куыддæрид- дæр дæ фæнды, афтæ! Æнæуый дæр, дæу аххосæй, мин хатты бавзæрстон алымыггаг хахуыртæ. Никуы никæйы бауырныдта, моймæдзыд уæвгæйæ æнæ лæгæй чи цæры, уыцы мæгуыр иунæг сылгоймаджы уды сыгъдæгдзинад æмæ æназымдзинад... Баиу у ды дæр хахуыргæнджытимæ, цæв мын ды дæр мæ цæсгомыл иу цъыфы къуыбар, бафæ’зм иннæты ды дæр! К о р р а д о. Мæн фæнды дæу уыцы хахуыртæй фервæзын кæнын. Ку- рын дæ, Хуыцауæй курæгау, цом мемæ, цалынмæ уыцы адæймагыл нæма амбæлдтæн, уæдмæ. Фервæзын мæ кæн! Фервæзын кæн уый дæр! Р о з а л и я. Ног фыдракæнд ныффæнд кодтай? К о р р а д о. О, Хуыцау! Цæмæн ма хъæуы цырен артыл фæтæген ка- лын? Цæмæи ма хъæуы агъуыд сырды мæстæймарын? Мæн нæ фæнды фыд- ракæнд, мæн фæнды мæхиуыл ныххæцын, фæлæ мæм мæ туг нæ хъусы (йæ сæрæн ницыуал зонгæйæ.) Розалия, цом! Р о з а л и я (тарстæй). Фæтæригъæд мын кæн! (Дуарæй æрбазыны Паль- миери). Охх, йæхæдæг! 36
ÆХСÆЗÆМ ФÆЗЫНД Розалия, Коррадо, Пальмиери. К о р р а д о. Иæхæдæг! Уый у? Пальмиери? Пальмиери. Æз, фæлæ ды та чи дæ? К о р р а д о. йæ усы фæстæмæ чи агуры, уый. Пальмиери (йæ цæстытыл не ’ууæнды). Коррадо? К о р р а д о. Коррадо. Уæ дыууæйæн дæр тæрхон рахæссьшмæ чи фæ- зынди, уый. Пальмиери (уазал хъæлæсæй). Хæсс дæ тæрхон! ЦЫППÆРÆМ АРХАЙД Фыццаг æмæ æртыккаг архайды декораци. ФЫЦЦАГ ФÆЗЫНД Коррадо æмæ Фернандо. Коррадо (бады стъолы уæлхъус). Мæ хæлар, зæгъын ма дын ноджы- дæр иу хатт: мæ мæгуырыл мæ ныууадз. Фернаидо. Æз дæр ма дын ноджыдæр иу хатт зæгъын: цæуыл ахи- цæн уæ фембæлд? Иуæй дыл мæхи зæрдæ дæр риссы, иннæмæй та мæн фæнды мæ фыдыфсымæры фæндон сæххæст кæнын: уый, æрхъæцмæ нæ хъæцгæйæ, æнхъæлмæ кæсы дæ дзуапмæ. К о р р а д о. Æгæр йæхи тыхсын кæны монсиньор, нæ зонын — цæй охыл. Цы дзуапп хъуамæ раттон? Цы хъуамæ зæгъоп, кæд æмæ æппындæр ницы зонын, уæд? Фернандо. Розалияйы нæ федтай? К о р р а д о. Федтон. Ф е р н а н д о. Гъемæ дын цы загъта? Коррадо. Бирæ цыдæртæ, фæлæ дзы фидарæй бамбæрстон ну хъуыд- даг. Ф е р н а н д о. Уæд цавæр хъуыддаг? Коррадо (йæ зæрдæмæ амонгæйæ). Уыцы ныхас мæнæ ам и, мæ лымæн. Ф е р н а н д о. Æмæ нæ рацæудзæн уырдыгæй? К о р р а д о. Æрмæстдæр, зæрдæ фæйнæрдæ^м куы атона, уæд. Фернандо. Омæ дæ нал фæрсын, кæд афтæ у, уæд. Фæлæ чызг? К о р р а д о. Кæй чызг? Ф е р н а н д о. Хъуыддаг дæр уый мпдæг и... Дзæбæх æй федтай? К о р р а д о. О. 37
Ф е р н а н д о. Æмæ дæм куыд сдзырдта дæ зæрдæ? Ко р р а д о. Зæрдæйы ныхæстæн рафæзмæн и? Иуæй мæ фæндыди мæ хъæбысы йæ ныттухын, иннæмæй та йæ—амарын. Ф е р н а н д о. Уыцы иу рæстæг? Кор р а д о. 0. Фернандо. Æмæ, уæдæ, зыбыты саудалынг? К о р р а д о. Фыддæр зæгъæн нæй! Мæ зæрдæ дарын, кæд мын доктор исты бамбарын кæнид, фæлæ уый дæр ныффæстиат и кæмдæр. Кæсын æм æнхъæлмæ катайгæнгæ, мæ буары ихæириз мæ бон бауромын нæу. Нæ ныхас ацы ран хъуамæ уа, гъеуымæ гæсгæ дæ курын, æмæ ацу, курын дæ æртыккаг хатт, цыппæрæм хатт мæ дæхимæ мауал сдзурын кæн! Фернандо. Нал дæ сдзурын кæидзынæн. Фæлæ мæн фæнды æрмæст- дæр иу хъуыддаг: æрсабыр у, лæмбынæг ахъуыды кæн дæ уавæрыл. Дæ уавæр та, æргом дзургæйæ, сæ хæрзтæй нæу. Ныридæгæн мæ цæст æрхæцыд цалдæр бæхджын жандармыл; æвæццæгæн, фæзындысты, цæмæй... Коррадо. Цæмæй мæн æрцахсой? Уый та ноджы хуыздæр!.. Иæ би- нонтæй" чи бавдæлон, уый ма йæ цардæй дæр цы кæны! Мæ бинойнаг æмæ мæ чызгæн цардтæн æз æрмæстдæр æндæра мæ сæр фæхостаин ахæстоны дурын къултыл æмæ афтæмæй уæддæр ссардтаин мæ адзал. Фæлæ йæ зон, адзалæн мæнмæ ныртæккæ ис æндæр мадзал дæр... æрмæст цалдæр мину- ты — æмæ мæ хъуыддæгтæ иууылдæр сæхи гъдауæй сæ гаччы абаддзысты, стæй уæд... Фернандо. Дæ ныхæстæ иуæй цыдæр æбæрæг сты, иннæмæй та мæм тæссаг кæсынц. Фæлæ йæ зои: дæуæн нæй нæдæр искæйы бафхæрыны, нæ- дæр дæ маст райсыны бар. К о р р а д о. Æмæ дын чи кæны уыдæтты кой. Фернандо. Розалия дæр кæм фæазымджын: уый дæ, мыййаг, куы нæ ныууагъта. Иуæй дæ усыл нымад уыди, иннæмæй та идæдзæй царди. Нудæсаздзыдæй... Ды куыд бакодтаис уый бынаты? К о р р а д о. Зæрдæрыст чи нæ зоны, уымæн дзурын дæр æнцон у. (Æваст æрбатыхсгæйæ.) Кæм и уæдæ? Кæм и уæдæ нырмæ? Ф е р н а н д о. Уый бæргæ ’рбацæудзæн. Фæлæ тæрсын, уæ ныхас хор- зыл куы нæ ахицæн уа. Мыййаг, йæ фыр сыгъдæгзæрдæйæ, куы федылы уа, æмæ дын æппæт дæр æргом куы ра... 0, стыр Хуыцау! Цы бакæндзынæ уæд? К о р р а д о. Цæмæй йæ зонын рагацау, цытæ дзурдзæн, уый? Цы ба- кæндзынæн, зæгъыс? Нæмыг цæмæй фæзоны хæтæлæй атæхыны размæ, ца- вæр мысаныл сæмбæлдзæн, уый? Ацу, уæдæ, мæн ахъуыды кæнын хъæуы, докторимæ фембæлыны размæ. Ф е р н а н д о. Уый дын мæ зæрдæмæ цæуы. Ахъуыды кæн, ауынаффæ кæн де ’фсармимæ. Фидар лæуу, мæ лымæн-лæг. (Йæ къух ын нылхъивы æмæ ацæуы.) К о р р а д о. «Мæнæн нæй нæдæр искæй бафхæрыны, нæдæр мæ маст райсыны бар»... Разы дæн... Розалия, мæн аххосæй, иунæгæй куы баззади сæрсæфæны былыл, лæмæгъæй, æвæгæсæгæй... уæд уæвæн уыди æмæ йæ 38
къах фæбырыдаид, асхъиудтаид æнæбын сæрсæфæнмæ... ныхас дæр дзы нæй. Розалияйы фæндыди мæ адзал, æнхъæлмæ йæм касти бонæй-бонмæ, æхсыз- гон уацмæ куыд æнхъæлмæ кæсай, афтæ, цæмæй уыдаид сæрибар, амонд- джын, стæн... Фæлæ кæд фæзындзæни доктор? Цæуыл мæ хъизæмарæн ма- ры? Æвæццæгæн, тæрхæттæ кæнынц, куыд хуыздæр æй афæливæм, зæгъгæ... Сар мын сæ сæр кæны, сар мын сæ сæр кæны, дзæбæхæй мын куы нæ ба- сæттой, уæд! (Пальмиерийы ауынгæйæ.) Уæртæ кæдæй-уæдæй! Хуыцау, мах де уазæг! ДЫККАГ ФÆЗЫНД Коррадо æмæ Пальмиери. Пальмиери. Хъусын дæм лæмбынæгæй. Ныххатыр кæн, æгæр дæ кæй ныффæстиат кодтон, уый тыххæй, æз хъуамæ мæхи бацæттæ кодтаин ахæм æнæнхъæлæджы фембæлдмæ, æнцад-æнцойæ ахъуыды кодтаин, цы дын хъуамæ зæгъон, уыдæттыл. К о р р а д о. Æз дæр афтæ банхъæлдтон. Пальмиери. Ацы хъуыддаг алыг кæнын мæнæн тынг æнцон нæу. Ам мæнæн канд мæхи зонд фаг нæ уыди, кæимæдæр ма мæ ауынаффæ кæ- ньш хъуыди. К о р р а д о. Розалияимæ? Пальмиери. Æнæмæнг. Æмæ кæнгæ дæр афтæ бакодтон. Ныр дын зæгъын нæ иумæйаг фæндон: адæймаг куы фæазымджын уа, уæд хъуамæ йæ азымæн дзуапп ратта, уый тыххæй йæ йæ цард рауæлдай кæнын куы бахъæуа, уæддæр. К о р р а д о. Уыцы ныхæстæ дæумæ хауынц? Пальмиери. Нырма уал дæ кой кæнын. Коррадо. Мæ кой? О, фæлæ уал ма мын æппæты разæй, уыцы зын бакæн дæхнцæн, равдис дæ чызджы райгуырды æвдисæндар. Пальмиери. Мæ бон цы нæу, уыдæттæ мæ домыс. Мæнæн цот нæй. К о р р а д о. Цот нæй? Æмæ уæд уыцы чызг та? Пальмиери. Уыцы зæды къалиу?.. Эммæ хоны йæхи, стæй йæ ин- нæтæ дæр афтæ хонынц... Уый Адæ у. К о р р а д о. Адæ? Пальмиери. Дæ чызг. Коррадо. Адæ удæгас у? Ам и? Федтон æй? (Йæ къæхтыл ма тых- хæй лæууы.) П а л ь м и е р и. Фæхæц дæхиуыл. Ризын куы райдыдтай? Коррадо. Хатгай фырцинæй адæймаг йæ уд дæр сисы... фæлæ æз цæрдзынæн... Нырма ныр райдыдтон цæрын... Цæй дзæбæх у мæхи Адæ! Фæлæ дæу йæ фыд цæмæн хоны? Цæмæн дæ уарзы? Нæ мын æй зæгъыс, æмæ мæ йæ зонын дæр нæ фæнды. Раттай мын æй фæстæмæ æмæ уый фаг у. Иннæ хабæрттæ дын хатыр кæнын, хатыр кæнын алкæмæн дæр алцы дæр... Фезгъорын æм! 39
Пальмиери. Багъæц. К о р р а д о. Иу хатт ма дын зæгъын, мæн ницыуал хъæуы æппындæр. Пальмиери. 0, фæлæ уый хыгъд мæн фæнды зонын: ды дæ Адæйы аккаг? К о р р а д о. Кæд нæ уыдтæн, уæддæр уыдзынæн. Пальмиери. Хорз уаид, фæлæ фенд зоны. Ныр та æрсабыр у æмæ лæмбынæг байхъус, цы дын зæгъдзынæн, уымæ. Мæ зæгъинæгтæн дын се ’мбис дæр нæма загътон нырма. Куы ’рбадæм, уæд хуыздæр уыдзæн. К о р р а д о. Æз дæм хъусын. П а л ь м и ер и. Розалияимæ цы хуызы баяонгæ стæм, уый тыххæй дæргъвæтин ныхас нæ кæндзынæн; уый уыдис, дæу куы ’рцахстой, уымæн цалдæр мæйы фæстæдæр. Æз æй базыдтон, йæ тæккæ тыхст æмæ уыры- дæй куы уыди, йæ хæстæджытæ йыл иууылдæр сæхи куы атигъ кодтой, раст уыцы бонты. Мæ зæрдæ ныккæрзыдта йæ тæригъæдæй. Æмæ скарстой мæхинымæры, баххуыс ын кæнон, зæгъгæ. Мæхæдæг дæр цъус æнамонд нæ уыдтæн, уый хæдразмæ мæ бинойнаг æмæ мæ чызгæй бавдæлон дæн. Уарзон- дзинады зарджытыл нæ уыдтæн, фæлæ, зæгъын дын æй æргомæй, мæнæ, зæгъгæ, сæрибар уыди Розалия, уæд æй ракуырдтаин, цæмæй йын адæмы цæсты йæ уæздан ном фæстæмæ раздæхтаин, уый тыххæй. Ме ’намондæн, Розалияйы хъысмæт рæхысбаст уыди демæ... Арæх-иу, Адæйы фенгæйæ, аджих дæн,— цæмæйдæр уыдн мæ чызг Эммæйы ’нгæс, æмæ дзы, æвæццæ- гæн, мæ чызджы мондæгтæ кæй истон, уый тыххæй мыл йæхæдæг дæр бо- нæй-бонмæ æнувыддæр кодта. Бамбæрстон уайтагъд, Адæ кæй у низæфхæрд, сывæллон, йæ зæрдæ тæссонд æмæ æнцонракъахæн кæй> у, хъахъæнинаг кæй у цавæрфæнды тыхджын æнкъарæнтæй дæр — цинæй дæр, мастæй дæр. Хъуыды-иу кодтон: «Мæгуыр дæ бон, куы рахъомыл уай, уæд иуахæмы æр- цагурдзынæ дæ фыды, æмæ дын, цымæ, цы дзуапп ратдзæни дæ мад? Цьг дын зæгъдзысты æцæгæлон адæм? Хорзæй ницы! Æмæ уыцы катай нуда- дзыг зилдух кæндзæн дæ зæрдæйы, дæ цин дæ фарсыл нæ хæцдзæни, дæ* мастыл та дыи маст æфтаудзæн, æрвитдзынæ æгъуыссæг æхсæвтæ. Искæд бон дæ зæрдæ куы ’рцагура фыды рæвдыд, уæд æй кæмæй бавзардзынæ? Чи зæгъдзæн йæхицæн чызг лæгмары хъæбулæй? Æмæ сагъæс кæнын бай- дыдтон, цы хуызы баххуыс кæнон мæгуыр чызгæн, ууыл. Иуахæмы загътон Розалияйæн: «Ницы дын ис дæ иунæг чызгæй зынаргъдæр. Æмæ дæ кæд. фæнды, уæд æй æз сæвæрдзынæн царды фæндагыл, нымад адæймаг куыд уа адæмы ’хсæн. Дæуæн кæд уый саразын мæ бон нæу, уæд та мьш бар ратт, æмæ йæ саразон дæ чызгæн: æз ын ратдзынæн мæхи ном, адæмы ’хсæн нымад æмæ сыгъдæг ном, зæгъдзынæн дзы чызг мæхицæн. Æз мæхи баууæн- дын кæндзынæн, мæ чызг кæй нæ амарди, ууыл æмæ иу Адæйы мæ хъæбы- сы куы акæнон, уæд мын кæндзæни мæ чызг Эммæйы ад». Æмæ уæд кæнгæ дæр афтæ бакодтам. Гъе ныр нын дæхæдæг тæрхонгæнæг фæу. Коррадо. Уый, æнæмæнг, уæздан ми уыди де ’рдыгæй... иоджы-ма. кæд уыдæттæ æрмæст уæздандзинады охыл кодтай... ннцы хорзæхмæ æл\.~ хъæлмæ кастæ... 40
П а л ь м и е р и. Æнхъæлмæ кастæн дæуæй. Коррадо. Мæнæй? 0, фæлæ цыфæнды уæздан мийæн дæр нæй мио халбæрц аргъ, искæй бартæн тыхми куы бакæнай, уæд. Синьор, уыцы чыз- гæн уыдис фыд! Пальмиери. Ныххатыр кæн, фæлæ мæ цы хуызы бауырна дæ ны- хас: цы хъауджыдæр ис цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадынæй ингæнæй? Фæ- лæ дæуырдыгонау куы уа, уæддæр æз мæхимæ ницы азым арын: кæд æмæ нскæйы бартæн тыхми бакодтон, уæддæр — æрмæстдæр мæ зæрды хорз хъуыд- даг саразын кæй уыди, уый адыл. Коррадо. О, æмæ хъуамæ дзуапп радтай дæ уыцы æнæраст митæн, дæхæдæг куыд загътай, афтæ. Пальмиери. Ныхас дæуыл цыдис. Ды цы митæ бакодтай, уыдон ахс- джиагдæр сты, æмæ сын хъуамæ дзуапп дæр ды раттай — уый де хæс у. Розалия, дæу азарæй чи фенамонд, уыцы Розалия дын ацы хъуыддаджы бафæзминаг у. Уый йæхи равдыста фидар зæрдæйы хицауæй. Цæмæй мачи мацæуыл фæгуырысхо уыдаид, мæ чызг Эммæ æгас кæй у, уый цæмæй ал- кæй дæр бауырныдтаид, уый тыххæй Розалия барвæндонæй сразы ныййзрæг мады цинтæ æмæ мондæгтæ æнусмæ æмбæхстæй дарыныл—,йæ чызджы амонды сæрвæлтау. К о р р а д о. Розалия сразы? О, фæлæ йæ ды не ’мбарыс: æз нæ дæн разы — нæдæр мæ бон у, нæдæр мæ фæндгæ кæны мæ чызгыл мæ къух си- сын. П а л ь м и е р и. Сразы уыдзынæ. Æндæр гæнæн нæй. К о р р а д о. Нæй æндæр гæнæн? П а л ь м и е р и. Æмæ дæ, уæдæ, куыд фæнды? Æз дæ не ’мбарын: цы ’взагæй бадзурдзынæ уыцы æнахъом æмæ сыгъдæгуд сабимæ? Куыд ын зæгъдзынæ? «Ды дæ фыд кæй хоныс, уыцы раст æмæ адæмы ’хсæи нымад лæг нæу дæ фыд, дæ фыд мæиæ æз дæн, æз дын амардтон дæ мадыфсымæ- ры, рацу мæнмæ, дарын дæм мæ къухтæ, бирæ азты дæргъы хъадамантæй чи схæлмаг, уыцы къухтæ,— уадзгæ мæ нæ ракодтой, лидзгæ ракодтон, кæ- цы цъусдуг мæ рацахсдзысты æмæ мæ фæстæмæ ахæстоны кæд бамидæг кæндзысты, уый мæхæдæг дæр нæ зонын, æз дæ фыд дæн... Фæлтау, мæнæн тæригъæд кæнгæйæ, дæ ног уæззау хъысмæты азарæй мæлгæ дæр акæн, уый мæн ничердыгæй æндавы, æрмæст дæ мæ хъæбысы ныттухон...» К о р р а д о. Ныхъхъус у, дæ Хуыцауы хатырæй! Пальмиери. Æз ныхъхъус уыдзынæн, дæуæн дæ зæрдæ куы сдзура, уæд. К о р р а д о. Куы йæ ныкъкъуыхтæ кодтай, уæд ма куыд хъуамæ сдзура?1 П а л ь м н е р и. Уæдæ уæд ууыл нæ ныхас фæуæм. (Дуары цурмæ ба- цæуы æмæ кæмæндæр ацамоны, «рацу», зæгъгæ.) К о р р а д о. Цы дæ зæрды ис? П а л ь м и е р и. Ныртæккæ йæ базондзынæ. Æз маа хæс баххæст кодтон. Ныр та дæ рад у. Тæрхон, хатыр, маргæ— бар дæ ис алцæмæй дæр. Утæп- 41
пæт фыдæбон цæуыл фæкодтон, уый æваст æрбайхалынмæ хъавыс? Ис дын уыцы бар, æз дын ницы зæгъын. Кæд дæ фæнды дæ чызджы зонгæ-зоныны мæрдтæм барвитын, уæд дын уыцы бар дæр дæттын. Кæс-ма, æрбацæуы, йæ мæгуыр, йæ уарзæгой мад æй æрбакæны дæ тæрхонмæ. К о р р а д о. Оххай-гъе! (Йæ цæсгом йæ къухтæй ахгæны.) Пальмиери. Дæхи ныффидар кæн! Дæ иунæг дзырдæй дæ бон у дыууæ бæрзонд уды мæрдтæм барвитын! К о р р а д о. 0, сау хъизæмар! Æрбацæуынц Розалия æмæ Эммæ. ÆРТЫККАГ ФÆЗЫНД Пальмиери, Коррадо, Розалия, Эммæ. Эммæ (Коррадойы нæ фены, компоммæ базгъордта Пальмиеримæ). Æв- зæр папа, мæ цæстытæ дæм куы ныуурс сты. Æнæ дæу иунæг минут дæр мæ бон нæу, уый хорз куы зоныс. Ахæм æхсызгон мын уыдис, Розалия мын куы загъта, дæ фыд дæм дзуры, зæгъгæ... Рагæй мæ нал барæвдыдтай... Пальмиери. Ныхасаг мæ ис демæ... фæлæ ныффæстиат дæн мæнæ ацы адæймагимæ... Эммæ (Коррадойы фенгæйæ, тарстæй). Ам та и? П а л ь м и е р и. Тæрсгæ дзы кæныс? Э м м æ. Тынг дзы тæрсын. Иу хатт ма йæ федтон, тыххæй ма дзы аирвæзтæн, Розалияйы руаджы. Коррадо. 0, фæлæ уæд æз... (Розалия йæ цæстытæ Коррадойæ нæ исы.) Э м м æ. Цæуыл мæм смæсты дæ уæд? Куыд мын загъта, уый куы зо- иис, папа: хъуамæ, дам, дæ ном уа Адæ, Эммæ нæ фæлæ... Коррадо. Уымæн æмæ... (Розалиямæ куы фæкомкоммæ вæййы, уæд йæ хъæлæс фæсыкк вæййы.) Э м м æ. Уымæн æмæ афтæ хуынны дæ чызг. Æмæ ныр уæд хъуамæ алы чызг дæр Адæ хуыйна? Хъавыд мæ йæ хъæбысы акæнынмæ, стæй дам, мæм мæ фыдæй дзур... Пальмиери. Æмæ дæ нæ фæнды, дæ фыд цæмæй уа, уый? Э м м æ. Гъертæккæ мæ уд фелвасин. Стæй мæ фыд ды куы дæ. (Ризы фыртæссæй, ныхъхъæр кæны.) Ды дæ, афтæ нæу? Макæмæн мæ ратт! Æз демæ уыдзынæн æдзух дæр... ДехМæ, демæ! (Йе ’фцæджы ныттыхсы.) Пальмиери (йæ сæрыл ын йæ арм æрæвæры). Мемæ, æдзух дæр. Э м м æ. Æдзух дæр! Ехх, цы ма уа уымæй хуыздæр. Ныр та цом арды- гæй, рисгæ кæны мæ зæрдæ ацы адæймаджы уындæй... Цом, цыдæр зæгъи- наг мын куы уыдтæ. Пальмиери. Цæугæ уал мæ кабинетмæ, фæцæуын ныртæккæ. Э м м æ. Æрмæст тагъддæр. (Ацæуы.) 42
Пальмиери (Коррадойæн.) Цы федтай æмæ цы фехъуыстай, уыдæт- тыл ахъуыды кæн лæмбынæг. (Ацæуы. Исдуг ничи ницы дзуры.) Р о з а л и я. Коррадо, мæнæн дæ ницы зæгъын фæнды? К о р р а д о. Бирæ цыдæртæ. Фæлæ мæнæй домынц, цæмæй лæмбынæг ахъуыды кæнои, ам цытæ фехъуыстон æмæ цытæ федтон, уыдæттыл. Ие уæнгты мæнау туг кæмæн знлдух кæны, мæн хуызæн йæ зæрдæйы æнкъа- рæнтæ æмæ мондæгтæ кæмæн и, уый мæ домы, цæмæй ахъуыды кæнон. Уый домы мæ зæрдæйæ, цæмæй лæууа хъусæй, афтæмæй та уыцы зæрдæйы хъæр- зын фæнды; домы дзы, цæмæй дзура, уый та раджы амарди. О, æз федтон æмæ фехъуыстон. Федтон мæ чызджы, тæрсгæ мæ чи кæны, йе сæфт мæ чи уыны, мæ уыцы чызджы. Æмæ нæй йæ фæсонæрхæджы дæр, мæ цард ма цы æрдуйыл дзедзыкка кæны, уыцы æрду мæ чызг кæй у. Ныр та... Уарзы кæйдæр фыды, батæ йын кæны йæхи фыды ’фсон, хъæбыстæ... æмæ ды дæхи ницыуынæг скодтай. Хъуамæ йæ ды фæцалх кодтаис йæ фыды æнамонд хъысмæтыл сагъæс кæныныл, хъуамæ куывтаид, ахæстоны йæ боны хъиутæ чи хæры, йæ уыцы мæгуыр фыды ссæрибарыл, ды та йын нæ зæрдæйы ныт- тагътай, адæймаджы æрдзæн дæр æмæ закъонæн дæр æцæгæлон чи у, ахæм гæды монцтæ. Р о з а л и я. Коррадо, æз хъавыдтæн уыцы æнамондæн, ды йæ æнæхай цæмæй фæкодтай, уыдон фæстæмæ раттын — хæларзæрдæ фыд æмæ сыгъдæг адæймаджы ном. К о р р а д о. Хæларзæрдæ фыд? О, æз хъуамæ дис кæнин, дæумæ дæр æмæ Арригомæ дæр цы уды хъару разынд, ууыл. Æмæ йæ мæ зонд бæргæ хаты, фæлæ мæм мæ зæрдæ та бынтон æндæрхуызы дзуры. Нæй зæххыл ахæм фыдракæнд, сымах маенæн цы тæрхон рахастат, уый аккаг чи уа. Ау, уал азы дæргъы йæ иунæг сабийы фендмæ чи фæбæллыди, æмæ йæ ныр лшпынфæстаг чи ссардта, уый куыд хъуамæ равдиса йæхн уазалзæрдæйæ, къуыттыйæ æмæ гобийæ? Æз дур нæ дæн. Лæууыдтæн хъусæй, мæхи ныд- дур кодтон... фæлæ та мæ туг фыцын райдыдта мæ тугдадзинты... маст æмæ хæлæг раив-баив кæнынц мæ зæрдæйы, судзгæ маст æмæ хæлæг. Æри мьш мæ чыджы! Р о з а л и я. Нæ йын фехъуыстай йæхи ныхас? Фæлтау амæлдзæн. К о р р а д о. Нæ амæлдзæн. Радзурдзынæн ын мæ тухитæ, мæ хъизæ- мæрттæ, цас фæсмон фæкодтон уал азы дæргъы. Кæд хæлар зæрдæны хн- цау у æцæгæй дæр, уæд сразы уыдзæн мæн фæстæмæ ацы цардмæ разда- хыныл, уадз æмæ уа мæ ирвæзынгæнæг зæд. 01 Мæн тынг хъæуы, цæмæй иекæйы урс фæлмæн къух рæвдаугæ æрсæрфа мæ фæллад ныхы æнцъылдтæ, фæстæмæ мын раног кæна мæ туг, æнцой мын басгуыха мæ цардвæндагыл. Уадз уæд æрмæстдæр иунæг хатт, фæлæ мын бар раттут æмæ йæ нылхъи- вон мæ риумæ мæхи... нæхи Адæйы, стæй уæд фæлидздзынæн, дарддæр цы ран у, уыцы ранмæ. Розалия, Иунæг хатт! Стæй уый фæстæ та куыд кæндзæн,— Адæйæ зæгъын? Охх, Коррадо, нæй гæнæн уымæн! Ды мын кæныс дæ бирæ хъизæ- мæртты кой, æз сæ уынын, æмбарын сæ, фæлæ ды нæ уыныс æмæ не ’мба- 43
рыс мæ зæрдæйы катай. Дæу фæнды, цæмæй Адæйæн зæгъай, йæ фыд кæй дæ? 0, фæлæ йын æй æз загътон, йæ мад кæй дæн, уый? Æз æххуырсты дæр уый тыххæй куы бацыдтæн кæйдæр хæдзармæ, хъæбулы цинтæй дæр æнæхай мæхи уый тыххæй куы фæкодтон, цæмæй мæ иуахæмы дзуапп дæт- тын ма бахъæуа мæ чызджы фарстытæн: чи дæн? Цы гæнæг дæн? Кæм и: мæ фыд? Æмбисæхсæв-иу хæдзары иу сыбыртт дæр куы нал хъуысти, уæд- иу йæ сынтæджы цурмæ мæ къахыфындзтыл бахъуызыдтæн, цæмæй йæм мæ зæрдæйы фæидиаг фæкæсон, стæй-иу ын тæрсгæ-ризгæйæ тагъд-тагъд абатæ кодтон æмæ-иу алыгъдтæн... мæ хъусты иудадзыг зыланг кодтой адæмы уайдзæфтæ æмæ фидистæ, уымæн æмæ уыдоны цæсты æз нымад уыдтæн хæлд сылгоймагыл. К о р р а д о. Ды?.. Мæн аххостæ сты иууылдæр! Розалия. Хорз æмæ йæ дæхæдæг æмбарыс. Уæдæ уыдæттæ мæ сæр- мæ кæй сæрвæлтау æрхастон, уый мын куыд байсынмæ хъавыс? Дæ чызг* абон цы уавæрты хъомыл кæны, уыдонæй йын æнæхай куыд хъуамæ фæ- кæнай йæ рæзгæ, йæ мæллæг буар? Куыд æй хъуамæ акæнай демæ худи- наг æмæ æнæсæрфат фæндагыл, мамæлайы комдзæгтæй дарынмæ? Куыд æй хъуамæ акæнай демæ хæхтæм, иудадзыг æмризæджы куы риздзæни, уæдæ- мын мæ фыды ныр рацахсдзысты, уæд рацахсдзысты, зæгъгæ... Уæд та дæ амардтой йæ цæстыты раз?.. Нæ, нæ, Коррадо, кæд дæм нæ хъарынц мады’ лæгъстæтæ, дæ зæрдæ дын нæ агайынц дæ биноннаджы цæссыгтæ, уæд та фæтæригъæд кæ, дæ чызджы дын абоны онгты чи бахъахъæдта, уыцы сы- вæллонгæсæн! (Йæ зонгуытыл æрхауы.) К о р р а д о. Ды... дæ уæрджытыл? Мæ разы? Слæуу, Розалия, слæуу! Розалия (сыстгæйæ). Хъус, уæдæ, Коррадо, зæгъын дын мæ фæндон; нæ чызг Адæ нырæй фæстæмæ дæр баззайæд Эммæйæ æмæ цæрæд уæздан æмæ нымад бинонты ’хсæн, йæхицæн дзы чызг чи загъта, уыцы сыгъдæг- зæрдæ адæймагимæ. Кæд æмæ ныхас мæныл цæуы, уæд сылгоймаг цагъар у йæ лæгæн æмæ æз нæ хъаст кæнын мæ хъысмæтæй — цæуын дæ фæдыл хæхтæм, ахæстонмæ, ауындзæнмæ, кæд бахъæуа, уæд. К о р р а д о. Цæуыс мемæ?.. Мемæ?.. Р о з а л и я. Ау, нæ дæ хъæуы ахæм адæймаг, йæ урс фæлмæн къухæй дын рæвдаугæ дæ фæллад ныхы ’нцъылдтæ чи ’рсæрфа, фæстæмæ дын дæ туг чи раног кæна, æнцой дын чи басгуыха дæ цардвæндагыл? Мэенæ ис, ды цы къух агурыс, уын, мæнæ ис: райе æй, дæу у! К о р р а д о. Æз нæ дæн ууыл андзæвыны аккаг! Р о з а л и я. Мæгуыр Коррадо! Иунæг цъусдуг уæддæр ферох кæн дæ* явгъуыд цард... æруазал кæн дæ тæвд ных мæ риуыл. Рацу-ма мæм, æна- монд Коррадо. Коррадо (Розалияйы йæ хъæбысы акæнгæйæ). Розалия! Мæнæ* аргъæутты бæстæ! Р о з а л и я. Æз дын ныххатыр кодтон, алцы дæр дыи ныббарстон! Сра~ зы дæ мæ фæндыл, афтæ нæу? 44
К о р р а д о. Сразы дæн, о. Нал суыдзæн мæ бон дæ ныхасыл дыууæ зæгъын. Ме ’ндон зæрдæ æртади дæ судзаг цæссыгтæй дæ риуыл. Æрбацæуы Монсиньор. ЦЫППÆРÆМ ФÆЗЫНД Коррадо, Розалия, Монсиньор. М о н с и н ь о р. Ныббарут мын, мæнмæ не ’нхъæлмæ кастыстут, æвæццæ- гæн. Фæлæ, æнхъæлдæн, æвзæр рæстæгыл нæ фæзындтæн. Уæ уынаффæйы ныхасы уын æз дæр кæд истæмæй фæахъаз уаин. Р о з а л и я. Ды ’рбацыдтæ уыцы ныхас бакъуылымпы кæнынмæ... фæлæ чысыл ферæджы кодтай: мæ амондæн, неппæт ныхæстæ дæр конд фесты, æмæ æрцыдыстæм иу зондмæ. Афтæ нæу, Коррадо? К о р р а д о. 0. Р о з а л и я. Мæ хæрзæггурæггаг — дæумæ, монсиньор. Ныр та мын бар ратт æмæ æз ацæуон. (Ацæуы.) М о н с и н ь о р. Ныххатыр ын кодтай? Коррадо. Рæдийыс, монсиньор: уый мын ныххатыр кодта. М о н с и н ь о р. Тынг хорз, кæрæдзийы тæригъæдтæ ныббарын — уый чырыстон динмæ гæсгæ у. Фæлæ мæм дуары æддемæ афтæ фехъуыст,— ра- джы цыд фæдæн æмæ мæ нæ фæндыди уæ зæрдæбын ныхас бахъыгдарын,— цыма дæ чызг Адæ ам цæры, йæ ном Эммæ, афтæмæй. К о р р а д о. Цæры, фæлæ мæнæн нæ. Монсиньор. Дæуæн нæ? К о р р а д о. Хъуамæ йæ мæ чызг мауал хонон. Монсиньор. Хъуамæ?.. Афтæ нæ вæййы. Сылгоймаджы сæрыхицауæн дæр æмæ сабиты фыдæн дæр сæ бартæ æдзухдæр сæхи вæййынц. К о р р а д о. Сæхи кæд нал вæййынц, ахæм цъусдуг дæр ныккæны. М о н с и н ь о р. Разы нæ дæн демæ. Коррадо. Мæнмæ æрыздæхти æууæнк. (Ныхъхъуыды кæны.) Ам, ны- мадæй цалдæр сахаты дæргъы, мæ уд бирæ, сыгъдæгдæр фæци, ахæстоны цы цыппæрдæс азы арвыстон, уыдонимæ абаргæйæ. Ахæстоны-иу уынæргъыд- та сырд, ам та куыдта адæймаь Монсиньор. Никæмæн лæвæрд ис ахæм бар, цæмæй дæу фæкæуын кæной, дæ бинонтæ сты дæу! Мæгуырæг, куыннæ йæ ’мбарыс, сæ фæндагæй дæ аиуварс кæнынмæ кæй хъавынц, уый! Доктор дын байста ныййарæг фы- ды бартæ, ныр та дын байсынмæ хъавы дæ бартæ, куыд лæг, афтæ. Корр а до. Мæнг ныхас кæныс, аив нæу дæ уавæры. Монсиньор. Æз кæнын мæнг ныхас? К о р р а д о. О, ды кæныс мæнг ныхас. Ау, дуары фæстæйæ нæм сусæ- гæй куы хъуыстай, уæд æй куыннæ рахатыдтай, Розалия мемæ рацæуыныл разы кæй у, уый? Монсиньор. Фæливгæ дæ кæны, зоны йæ, пъæлицæ дын дæ фæдыл кæй фæхæст сты, уый, æмæ... 45
Коррадо. Ныхъхъус у, куыд уæндыс рæстуд сылгоймаджы фыдгой! Монсиньор. Рæстуд? К о р р а д о. 0, стæй канд рæстуд нæ, фæлæ зæды хуызæн сылгоймаг. Монсиньор.. А-а-а! Уæдæ уæд дæ тæригъæд — дæхи: пъæлицæ зо- нынц, кæм дæ, уый, фæлæ дын зæгъын рагацау: мæ хæдзары дуæрттæ дæуæн сты æхгæд. Дæ амонд æмæ дæхæдæг. Коррадо. Афтæ дæр ма мæм кæсы, цыма мæ дæхæдæг банымыгътай, Монсиньор. Куыд уæндыс мæнæй ахæмтæ дзурын? К о р р а д о. Æмæ ды куыд уæндыс мæныл дуæрттæ æхгæнын? Цæугæ, монсиньор, æмæ зæгъ, мæн чи агуры, уыдонæн, ам кæй дæн æмæ сæм кæй кæсын æнхъæлмæ. (Монсиньор ацæуы.) ФÆНДЗÆМ АРХАЙД ФЫЦЦАГ ФÆЗЫНД Коррадо, фæстæдæр Розалия. К о р р а д о. Кæм ныффæстиат Розалия! Мæ минуттæ нымад куы стьь А, уæртæ и! Розалия. Коррадо, агуырдтай мæ ныхасæн? Мæ бон у коммæгæс уæвын, дзыхыл хæцын, быхсын? Р о з а л и я. 0, Коррадо. К о р р а д о. Дæ уæздан узæлды фæстæ, ноджы ма мемæ ацæуыныл куы сразы дæ, уæд ме хæс уыди мæ дзырд сæххæст кæнын. Р о з а л и я. Æмæ йæ æз дæр сæххæст кæндзынæн мæ дзырд. Коррадо. 0, фæлæ цы аргъæй! Зæгъ-ма мын æргом, мацы мæ басу- сæг кæн! Розалия, нæ атондзæни дæ зæрдæ, ацы бынæттæй, ацы хæдзарæй куы фæцæйцæуай, уæд? Р о з а л и я. Ацы хæдзарæй? Фæрсгæ дæр ма мæ кæныс? Ацы хæдзары мах уадзæм, æмæ чи зоны мыггагмæ, нæ чызг Адæйы. К о р р а д о. Уый æмбарын. Фæлæ æндæр никæуыл рнсдзæн дæ зæрдæ, ацы хæдзары чи баззайдзæн, уыдонæй? Р о з а л и я. Кæуыл уæд? Коррадо. Зæгъ æргом: нæ чызджы кæимæ уадзæм, ууыл? Р о з а л и я. Уæздантуг адæймаг... Коррадо. Стæй дын бирæ хæрзты чи бацыд, мæ чызджы фыды бар- тæ кæй къухтæм раттай, уый. Исты ма мæ ферох? Р о з а л и я. Бæлвырддæр дзур, Коррадо! Коррадо. Ды дзур, ды, бæлвырддæр: куыд цардтæ йæ хæдзары утæппæт рæстæг, уарзтай йæ, кæнæ дæ уый уарзта? 46
Р о з а л и я. Ахæм фарстытæ!.. К о р р а д о! Кæд мын уыдæттæ зонынæн бар нæй, уæддæр мын ис бар. цæмæй мæ фæнда сæ базонын. Розалия, басæтт мын æргомæй, æз мæхæдæг дæр тæригьæдджын адæймаг дæн, стæй дын дæн æцæг хæлар, ныххатыр дын кæндзынæн æппæт дæр. Р о з а л и я. Мæ хæлар мын тæрхонгæнæг фæуæд, мæ лæ хæссæг, кæд аххосджын разынон, уæд. Ды ныртæккæ базондзынæ, мæн иед- дæмæ ацы дунейыл кæй ничи зоны, ахæм хабар. Зоныс Арригойы, зоныс ын йæ рæстдзинад дæр æмæ йæ хæлар зæрдæ дæр, уæдæ мæнæн æмæ нæ чызгæн дæр цы хæрзты бацыд, уыдон дæр æнæзонгæ нæ дæ. Мæнæн ма мæ бон бафтауын у: аирвæзын мæ кодта æвирхъау сырды дзæмбытæй, уыцы сырдæн та йæ ном хуыйны мæгуырдзинад, уый тæры адæймаджы æгадмæ, уый, азарæй сисы сылгоймаг — фылдæр хатт — йæ къух йе ’фсармыл. Уымæ гæсгæ, æз Арригойæ куыд бузныг дæн, уымæн нæй зæгъæн ныхæстæй. О, æцæгæй дæр, æрмæстдæр мын Хуыцау рарвыстаид мæ размæ ахæм зæды хуызæн адæймаджы! Æз йæ руаджы цæрын райдыдтон æнцад-æнцойæг æдæрсгæйæ, адæмы ’хсæнмæ цыдтæн æдзæстхизæй. Фæлæ иуахæмы мæ удæн- цой цардæй стъæлфын байдыдтон, Арригомæ цы бузныджы зæрдæ дардтон,. уый æндæрхуызон æнкъарæнмæ хизын байдыдта, растдæр зæгъгæйæ та — рахызти. Æз мæхимæ мæ цæст дарын байдыдтон, стох кодтон мæ зæрдæимæ — æмæ фæуæлахиз дæн. К о р р а д о. Уый та? Р о з а л и я. Мæнмæ гæсгæ, уый дæр раст мæн хуызæн хъизæмар æмæ тох кодта йæхæдæг йæхиимæ. Афтæ уымæн хъуыды кæнын, æмæ-иу ныл кæд хатгай нæ цæстытæ комдзог рацыдысты, уæддæр-иу ныхæстæ нæ былал- гъыл айсыстысты. Афтæ фæцардыстæм, нæ зæрдæтимæ тох кæнгæйæ. Ард дын хæрын, Коррадо! Мах нæ фæндыди, цæмæй ныл цы бирæ хахуыртæ фæ- кодтой, уыдонæн нæхæдæг бындур сæвæрæм, фæндыдис нæ, цæмæй нæ бон уа адæмы цæстытæм комкоммæ кæсын. Гъемæ куыд мад, куыд сидзæргæс цы бирæ зæрдæрыст бавзæрстон, уыдонмæ ма ацы хъизæмар дæр куы баф- тауай, уæд æй бамбардзынæ, цыппæрдæс азы дæргъы мæ цард цыхуызæи уыди, уый! Загътон дын гъеныр алцы дæр æмæ цæттæ дæн дæ тæрхонмæ. К о р р а д о. Алцы нæма загътай. Р о з а л и я. Алцы дæр, Коррадо. К о р р а д о. Нæма. Иу хъуыддаг ма мын нæ загътай: дæхæдæг-иу дæ- хиимæ куы тох кодтай, дæ хъуырмæ-иу куы схæццæ дæ катай æмæ-иу дæ бон куы ницыуал уыди фыр адæргæй, уæд никуы ’рцыди дæ сæрмæ иу хуы- мæтæг æмæ æрдзон хъуыды — мæ адзалы тыххæй? Р о з а л и я. Дæу адзалы тыххæй? Коррадо. Нæ йыл хъуыды кодтай? Нæ йæ куырдтай Хуыцауæй хæр- зиуæгæн дæ бирæ хъизæмæртты тыххæй? Розалия. Хæрын дын ард! Уæд нал бауæндыдаин бакæсын дæр мæ чызджы цæстытæм. 47
К о р р а д о. Æмæ, уæддæр, зæгъæм, æрцыдис, не смой кодтаис Аррн гойæ? Р о з а л и я. Коррадо, уый æнæуæздан фарст у! Цы дзуапп дын хъуамæ раттон? Коррадо. Тынг хуымæтæг дзуапп. Уый куыд æргом уыд мемæ, ды дæр афтæ куы уаис, уæд! Уый загъта, Розалия, дам, сæрибар куы уыдаид, уæд, дам, æй ракуырдтаин, цæмæй йæ скæнон æнæкъæмдзæстыг адæмы ’хсæн. Р о з а л и я. Уый загъта? Фыццаг хатт хъусын ахæм ныхас. К о р р а д о. Уый та ноджы хуыздæр. Дæу фæрсын æз: сразы уыдаис уæд Арригомæ фæцæуыныл? Розалия, фæрсын дæ куыд хæлары, афтæ. Дæу фæрсын æз! Р о з а л и я (йæ сæр æруадзгæйæ). 0. К о р р а д о. Æмæ афтæмæй сразы дæ ацы хæдзар ныууадзыныл æмæ мемæ ацæуыныл? Р оз а л и я. Уымæн дын иу хатт дзуапп куы раттон, цом! К о р р а д о. Æмæ ньш кæд алидзæн нал и, уæд та? Зонынц, ам дæн уый, æмæ, чи зоны, ныртæккæ, мæнæ ацы цъусдуг фæзыной æмæ мæ акæ- ной... Р о.з а л и я. Коррадо, уый æцæг у? К о р р а д о. Зæгъæм, æцæг у... Уæд та цы дæ зæрды ис? Р о з а л и я. Дæ ахæстоны фарсмæ ’рцæрдзынæн, кæнæ та моладзандон- мæ фесафдзынæн мæ сæр, æгæр бирæ хахуыртæн бабыхстон ныронг дæр адæмæй... Фæлæ нæ! Аирвæздзыстæм, бантысдзæн нын алидзын... рæхджы ’рталынг уыдзæн, алидзæм,— райхъал ис мæ зæрдæ, фæнды мæ демæ цæ- рын. Уарзын дæ, Коррадо, раздæр дæ куыд уарзтон, афтæ, тынгдæр раздæ- рæй. К о р р а д о. Уарзыс мæ? Мæн? Охх, Розалия, мæнæ цы хæзнайæ фæкод- тон мæхи æнæхай! Р о з а л и я. Ссардзыстæм æй фæстæмæ, ногæй та уыдзыстæм амонд- джын! К о р р а д о. Амондджын? 0!.. Ацу, дæхи барæвдз кæн, ахсæв хъуамæ алидзæм. Ныр та уал мæ ныууадз иунæгæй! Ахæм уавæры дæн ныртæккæ, æмæ ма иу минут дæр ам куы баззайай, уæд мæ уд сисдзынæн. Р о з а л и я. Омæ, хорз, уæдæ, æмбисæхсæв фембæлдзыстæм, мæ мæ- гуыр Коррадо. (Йæ къух ын райсы æмæ ацæуы.) К о р р а д о. 0, фæлæ уæддæр æз хъуамæ амæлон, æрмæст хъуамæ раз- дæр мæхи æнæтæригъæдджын скæнон. Цæй диссаджы хъæздыг зæрдæ ис ацы æнамонд сылгоймагæн! Цас мæстытæ йын бавзарын кодтон! Бауарзта, йæхицæй уæздандæр нæй, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, ахæм адæймаджы, уый йæ сласта, æз æй цы цъымарамæ нывзылдтон, уырдыгæй... Æз та дæи удæгас мард, æмæ сæ æз хъыгдардтон, лæууыдтæн се ’хсæн... Фæлæ уыцы удæгас мард йæхæдæг йæхи ’гъдауæй нæ фæцыдæр уыдзæн, æз æй баныгæн- дзынæн. (Медальон сласы.) Æрмæстдæр цалдæр æртахы ацы медальоиæй, æмæ ахицæн. Æлгъаг лæгмартæ! Сымах фæнды, цæмæй та æз райдайон æф- 48
тъæрын ахæстоны мæстæлгъæд комдзæгтæ, ацы дыууæ æназым уды та хъи- зæмæрттæ кæной дарддæр дæр?.. Нæ, æз бануаздзынæн... æмæ бафынæй уы- дзынæн. (Æрлæууы.) 0, фæлæ мæ чызг та? Ницы кæны! Æлгъ мыл кæны уæддæр... Стæй уый хуыздæр у: нæ мын кæудзæн мæ мардыл. (Æрбацæуы Эммæ.) Фæзынди мæнæ! Хуыцау мæм æй йæхæдæг равдыста. ДЫККАГ ФÆЗЫНД Коррадо æмæ Эммæ. Э м м æ. Ам та и! (Хъавы ацæуынмæ.) Коррадо. Нæ, нæ, лидзгæ ма акæ, мæн тынг æхсызгонæй хъæуы демæ аныхас кæнын. Э м м æ. Мемæ? Æдзух та дæ мемæ ныхас кæнын фæнды! К о р р а д о. Фæстаг хатт. Э м м æ. Цæугæ кæныс? К о р р а д о. 0, райсом мæ нал фендзынæ, æхсызгон дын уыдзæн? Э м м æ. Иучысыл, уымæн æмæ... К о р р а д о. Уымæн æмæ дæ тæрсын кæнын мæ уындæй... Зонын æй... Ау, æмæ æппындæр нæ фендæрхуызон дæн? Сабырдæр нæ фæци мæ ба- каст? Демæ мæ ныхас фæлмæндæр нæ фæци? Кæд ма мæ ныр дæр тæрсгæ кæныс, уæд дæ цуры мæ уæрджытыл дæр æрлæудзынæн. (Йæ уæрджытыл æрлæууы.) Э м м æ. Уанцон нæу, нæ хъæуы! К о р р а д о. Фæнды дæ, цæмæй слæууон? Лæмæгъ дæн, нæу мæ бон, æри-ма мæм дæ къух... Э м м æ (йæ къух æм дæтгæйæ). Мæгуырæг... (йæ къухтыл ын хъада- манты фæдтæ бафиппайы.) Адон та цы сты? Цæвгæ сæ ныккодтай? Кæд, мыййаг... 0, Хуыцау... Хъадамантæ уыди дæ къухтыл? (Коррадо бандоныл сбады.) Ахст уыдтæ? Цæй тыххæй? Нæ, нæ, ма мын æй зæгъ! Ныр дæ, цы- мæ, фæрсгæ та цæмæн кæнын? Ма мæм смæсты у!.. Кæугæ кæныс... Охх, тæрсгæ дæ нал кæнын, тæригъæд дын кæнын ныр та... Æнамонд адæймаг!.. Кæд æмæ иыр дæ чызджы ссарай, Адæйы... К о р р а д о. Нал æй ссардзынæн ныр. Амарди. Э м м æ. Исты дæ риссы? 0, Хуыцау! Куыд афæлурс дæ! Мæнмæ истæ- уыл фæхъыг дæ? Нæ мæ фæндыди дæу бафхæрын... барæй дын нæ уыдтæн... Цæуылдæр тынг тыхсыс, искæмæ бадзурон? К о р р а д о. Нæ хъæуы... Кæсыс! (Æвдисы йæм медальон.) Ацы медаль- оны ис, чи мæ адзæбæх кæндзæн, ахæм хос. Э м м æ. Мæ бон дын ницæмæй у баххуыс кæнын? К о р р а д о. Ды?.. Нæ, нæ... Кæд ахæм дзæбæх чызг дæ, уæд фалæрдæм азил æмæ бакув мæн тыххæй Хуыцаумæ. Эммæ. О, бакувдзынæн дæу тыххæй. (Йæ къухтæ йæ риуыл сæвæры. Уыцы рæстæг Коррадо медальон йæ былтыл авæры, стæй йæ стъолыл æрæ- вæры æмæ бацæуы Эммæмæ.) 4 Мах дуг № 4 49
К о р р а д о. Бузныг, ныр мын фенцондæр и... Э м м æ. Тынг æхсызгон мын у... Кæд æцæг афтæ у, уæд: ахæм зæрдиа- гæй куывтон дæу тыххæй... Кæсыс, куыд кæуын... Ардæм, цыма, цæугæ дæр уый тыххæй æрбакодтай, цæмæй неппæты дæр фæкæуын кæнай.,. К о р р а д о. Æз? Э м м æ. О, мæ фыд дæр æмæ Розалия дæр ахæм æнкъард сты, ды куы ’рбацыдтæ, уæдæй фæстæмæ. К о р р а д о. Афтæмæй та æз æрбацыдтæн, цæмæй уеппæты дæр амонд- джын скæнон... цæмæй мæ хорзæй мысат. Э м м æ. Искæдæм цæуыс? Диссаг... Афтæ мæм кæсы, цыма Розалия дæр кæдæмдæр цæуинаг у, ныууадзынмæ мæ хъавы. К о р р а д о. Иæхæдæг дын загъта? Э м м æ. Зæгъгæ нæ кодта, фæлæ мын ныртæккæ уыцы кæугæйæ ахæм хъæбыстæ æмæ батæ кодта, цыма мæ бирæ рæстæг нал фендзæн. Коррадо. Фæрæдыдтæ. Нал фендзæн? Цæуыннæ? Æмæ тынг æнкъард кæнис уæд? Э м м æ. Тыиг. К о р р а д о. Уæдæ йæ бирæ уарзыс мæгуыр Розалияйы? Э м м æ. Ныййарæг мадау. К о р р а д о. Æмæ æцæгæй дæр дæ мад куы разынид, уæд дын æхсыз- гон уаид? Э м м æ. Тынг æхсызгон. Стæй мæм хатгай мæ зæрдæ афтæ дæр сдзуры. цыма æцæгæй дæр ис уæвæн ахæм амондæн. Цал хатты уыдтæн ахæм амонд- джын мæ фынты... Цы-иу федтон, уый зоныс: цыма мæ фыд æмæ Розалия сусæгæй скодтой чындзæхсæв... О, о! К о р р а д о (ахъуыды кæнгæйæ). Æмæ кæд дæ фыны цы федтай, уый æцæг у, уæд та? Э м м æ (дисгæнгæ). Цытæ дзурыс, Коррадо? К о р р а д о. Зæгъон дын, уæдæ, ардæм мæ цыды сæр цæй мидæг уыди, уый, мæ хъæбул. Æз æрбацыдтæн афтæ зæгъынмæ: хорз нæу, утæппæт рæс- тæг дæуæй æцæгдзинад кæй æмбæхсынц, уый: дзæгъæлы агурыс дæ мады уæлæрвтыл, уымæп æмæ рагæй цæры демæ мæнæ ацы хæдзары... Э м м æ. Розалия? Коррадо. О. Гъе, ацы хабар дын уадзын уæлæуыл, цæмæй мын мæ ном хорзæй мысай, уый тыххæй. Э м м æ. Розалия мæ мад у? Æви та фынтæ уынын ногæй? Охх, кæд уый æцæг афтæ у, уæд — бузныг, бузныг, хорз лæг! Фæлæ кæм н Розалия та? Ма ацæуæд, мыййаг? Ма ацæуæд, мыййаг? Ма мæ ныууадз? Кæм и мæ фыд? (Дуарырдæм азгъоры.) Рацæут-ма, рацæут-ма! Æрбацæуынц Пальмиери æмæ Розалия. 50
ÆРТЫККАГ ФÆЗЫНД Коррадо, Розалия, Эммæ, Пальмиери. Р о з а л и я. Исты дæ хъæуы, Эммæ? Пальмиери. Коррадо? Эммæ (Пальмиерийæн). Зæгъ-ма мын, æцæг у, Коррадо кæй зæгъы, уый? Мæ мад нæ амарди? (Розалияйæн.) Дæу дæр фæрсын, фервæзьш мæ кæнут мæ зæрдæнизæй. Сымах стут... ды дæ мæ мад? Розалия (адæргæй цы акæна, уый нæ зоны). Охх! Пальмиери. Ау! Загътай йын æй? Коррадо. Ма тыхсут! Æз ын загътон, ды æмæ Розалия закъонмæ гæсгæ кæй стут æмкъæйттæ. П а л ь м и е р и. Цы хуызы? К о р р а д о. Ныххатыр кæн, уæ сусæгдзинад уын кæй раргом кодтон, уый тыххæй. Фæлæ мæ бон æндæрхуызы бакæнын нæ уыди ацы кадджын цъусдуг, уымæн æмæ цæмæй сымах баиу уат, уымæн абонæй фæстæмæ цæлх- дур нал уыдзæн. Р о з а л и я (тарстæй). Нал уыдзæн? П а л ь м и е р и. Коррадо, цы бакодтай? Коррадо. Цы федтон æмæ цы фехъуыстон, уыдæттыл лæмбынæг ахъуыды кодтон. П а л ь м и е р и. Кæд дæ дзæбæх æмбарын, уæд тæссаг у... Коррадо. Хорз чызг, гъеныр дæр ма тæрсыс, куы дæ асайой, уымæй? (Йæ къух ын райсы.) Цом-ма, æз уæ баиу кæнон дæ мадимæ æмæ уæм кæсьшæй мæ мондæгтæ суадзон. Э м м æ. Мæ фыитæ æцæгæй æрцыдысты. Розалия (йæ уд йе ’муд нæма ’рцыди). Мæ чызг! (Коррадо ма тых- хæй лæууы йæ къæхтыл, цудтытæгæнгæ бацæуы бандонмæ æмæ ’рбады.) Коррадо! Э: м м æ. Цыдæр кæны... Пальмиери (Коррадомæ бацæугæйæ). Йæ уд исы. Р о з а л и я. Р1æ уд исы? Э м м æ. Мæнæ ацы медальоны хос и, банызта дзы, ноджыдæр ын дзы раттын хъæуы! Пальмиери (медальон райсгæйæ). Марг банызта. Р о з а л и я. О, Хуыцау! Э м м æ. Марг банызта? Р о з а л и я. Тагъддæр! Исты хос... Пальмиери. Нал ын и хос. Байрæджы. Коррадо. (Æнæрхъуыдыйæ фæлхаты). Нал ын и хос. (Сæнттæ цыма цæгъды, уыйау.) Мæгуыр сылгоймаг! Сыгъдæг адæймаг! Уыдон сты амон- ды аккаг, хæрзиуæджы... æмæ сын æй æз дæттын. Розалия. Æз дæн аххосджын. Æргом ын фæдзырдтон хабæрттæ, æн- дæра нæ амардтаид йæхи... 51
Пальмиери. Мах тыххæй йæ цард нывондæн æрхаста. К о р р а д о (сæнттæ цæгъды). Цы загътай? Мæн ахсынмæ æрбацыдтæ? И? Дзырдхæссæг... Æлгъаг! Æнæсæртæ! Удæгас мард змæлгæ нал фæкæны... амардтон æй... ныр нал райгас уыдзæн... Ехх, Адæ! Адæ! Розалия (йæхицæн). Йæ чызгмæ дзуры... (Эммæйæн.) Афтæ йæм кæ- сы, цыма ды йæ чызг дæ... Бацу йæм... сдзур æм фыды номæй... æмæ æрын- цайа... Э м м æ. 0, о. (Коррадомæ бацæуы æмæ йын йе уæхскыл йæ къух æрæ- вæры.) Баба, мæ фыд! Ракæс-ма мæнæ дæхи Адæмæ! Коррадо (хъал цыма раци). Адæ? (Рабады, йæ хъæбысы йæ ныккæ- ны, Пальмиери æмæ Розалиямæ ацамоны, хæстæгдæр рацæут, зæгъгæ, рат- ты сæм Эммæйы, бандоныл æрхаугæйæ.) Нæ, ды Эммæ дæ! (Йæ уд сисы.) Розалия æмæ йæм Эммæ æрдиаггæнгæ базгъорынц. Ирон æвзагмæ Ходы Камалы тæлмац. о
БЕКМÆРЗТЫ АФОН ИВГЪУЫДЫ САГЪÆСТÆ СУСÆГ ФЫСТÆГ (Дз-ты Х-æн) Ацы 14-аздзыд чызгæн 1931 азы, æнæ тæрхон скæнгæйæ, йе ’наххос фыды чекисттæ амардтой газæй, йæхи йьш 1932 азы ратардтой скъолайæ. Мæ рæубазыр бæлон, Æрыгонæй саутæ — Дæ зын у мæ зын: Дæ чындздзон фæлыст: Дæ низæй фæсæйын, Дæ хъыгæй, дæ рисæй Дæ хъыгæй хъæрзын. Мæ зæрдæ фæрыст. Дæ фыды ныммарæг Ды аргъæутты чызгæй Фæсмонгонд фæуæд, Рæсугъддæр, хуыздæр. йæ хуыэдæры мæрдæй * Мæнæйуый дæ уарзы йæхиуыл кæуæд... Иæ удæй фылдæр!.. 1932, Къæмынтæ. 22-ÆМ КАМЕРÆЙЫ Нæ камерæ — къуындæг, æвадат: Дыууæ фæрсаджы — цары бын, Цементæй — зæхх, йæ къултæ амад, Иæ дуар — æфсæн-æхсыст, дызгъуын. Нæ фæрсагыл; — фæйнæгæй цъудта, Нæ царæй ныл нæ хид тæдзы Æмæ нæ къæхты бын ыскултæ; Пъарашæ дуаргæрон нындзыг. Нæ хур, нæ уæлдæф дæр нын байстой, Нсе уынæм стъалытæ, йе мæй. Нæ рыст зæрдæтæ седзаг мастæй, Мæлæм дзы дойныйæ, сыдæй... Æрвылбон — д?кнгул: змæнтынц, къахынц.. Тæрсынц, куы райсæзу! топп, йе кард. Ньшайынц, пысултæ фæлдахынц: Кæуыл нæ — гакк, кæуыл уыгард. ...Æртæ-цыппар лæджы бынаты Лæгдыхæй батъыстой æртын. 53.
Бæтæм, фыцæм зындоны арты, Нæ хурхыл залйаг калм æртыхст. Дыууæ хатты нæ суткæ уадзынц Нæхи хъуыды... Дæ хуынкъ «ныхгæн»... Мæгуыр, пъарашæйыл æрбадынц Кæстæр уа, хистæр... Уыфф-уыфф кæн... ТСæстæртæ ’хсæв бынæй æрхуыссынц, Зæрæдтæ, рынчыитæ — сæрæй. Кæйдæр хъæрзын, дзыназын хъуысы, Фæлæ йын баххуысгæнæн нæй... Каминский, — ахæстоны хицау, Æрвнæрæгау фæзыны хатт: Лæгсырд, æлгъиты нæ йæхицæл, Сьшах, дам, хъуамæ цагъд фæуат, Кæннод та фесæфат Сыбыры.,. Гъс, афтæ, Сосойы цагъартæ Уæлæуыл зындоны отæлынц. Цъаммар руймонтæ ’мæ лæгмартæ Нæ туджы малты ленк кæнынц. Цымæ лæджыфыдхор «фæтæгтыл» Кæд акæндзæн фыддуг, фыдбон? Хуыцау, дуне сафæг мæнглæгтæн Уæлæуыл радт АРМАГЕДДОН. 1942, Урс ахæстон. ДЗУАПП «Мæлæтæй дæхи бахиз», — фыста мæм мæ хо Афассæ. Мæлæтæй дын бæргæ нæ тæрсын, (Уæддæр мæлгæ уыдзæн кæддæр), Фæлæ хъæддаг сырдты къæхты бын Мæлæт мæлæтæй у фыддæр. Хуыцауæй иу хорздзинад курын: Мæ фыды уæзæгыл — адзал. Фæлæ сындзтел æртыхст мæ хурхыл, Адзалæн, зæгъынц, нæй мадзал... 1945, Ивдельлаг. ХУРЫ ЧЫЗГ О. Браженайтейæн1 Цæй диссаг у дуне, КæД чи уарзта хуры Цæй диссаг у æрдз. Зæххонæй мæн бæрц? 1 1946 азы Прибалтикæйы Юргламæ æрластой НКВД:йы амæлдаг 60 чызджы. Сæ фылдæр — Литвайæ. Уыдонæй иу уыд Онутя Браженайте. 64
И&хæдæг дæр уарзьх 1Йæ хъæбулау мæн, Уæларвæй мæм худы Йæ мидбыл фæлмæн. — Цы зæгъон, нæ зонын, .Æз ахст дæн, цагъар, — Æнкъардæй йæм дзурын, — Мæ сæр нæу мæ бар... — Уынын дæ, мæ хъæбул, Дæуыл ис къæлæт; Дæ сæрмæ та ауыгъд Сæркъуырæн фæрæт. — Фæлæ дын мæ чызджы Æз рагдзынæн, зон, Æмæ дын дæрынæн Фæуыдзæн æфсон. Ды уарзты æндæвдæй Куы калай цæхæр, — Нæ байсæфдзæн, ма тæрс, ГУЛАГы дæ сæр, ^Суьщауы раз абон Мæ сомы бæттын: Хорческæ — мæ буц чызг, Дæуæн æй дæятын... — Уæларвои хæрзгæнæг Нæдунейы ’фсин, Дæ лæварæй бузныг, Фæзынæд Æхсин! — ТСуы сдзырдтон «мæ мадмæ» <Æфсæрмы кæнын), НÆЙ СЫН РОХГÆНÆН Иæй, нæ рох кæнынц Иу уыом, иу минут Зштæ уадтьшыгъ, Цъеигæ уазалтæ, Тулгæ их-зæйтæ... "Уыцы стонг азтæ, Уыцы цæстысыг, Ноджы тугзæйтæ Æмæ сау мæлæт — Гъе уæд мæм Хорческæ Дæу хуызы фæзынд. Онутя — Хорческæ, — Мæ удыл хæцæг, Мæ ирвæзынгæнæг Ды куы дæ, æцæг. Ыстъалытæ, мæйтæ Цæсгомæй кæсынц, Æрвдидинæг, хъоппæг Дæ уындмæ бæлльшц... Мæ сæнттæ, мæ фынты Æз агуырдтон дæу. Мæ цæстытыл уадтæ Рæубазыр зæдау. Уынын дæ мæ разы, Мæ сахы рæсугъд. Дæуæн æз — мæ зæрдæ, Ды та мын — дæ къух... Мæ зьгадонмæ ’рхастай Ды Азайы сыф. Ыссардтон йæ фæрцы Мæ хъару, мæ ныфс. Хъыхъаг сырдтæй нал у Ныр уарзæттæн тас. Кæд райсиккам иу бон Фыдгулæй нæ маст. Куы бансæфид абон Тыхгæнæг æлдар, —* Ыссариккам райсом Нæ фыды хæдзар... 1947, Юрглаг. Уайынц цæстытыл: Уды бадомдтой, Зæрдæ бахордтой, Ме стæг басастой, Туг сæ байсысти... Ехх, кæд фæуыдзæн Хъазайраджы дуг, Æмæ цагъартæм Хур кæд æркæсдзæн? 1948, Юрглаг. Ф
ДЖЫККАЙТЫ ШАМИЛ ЗÆХХ Ирон хабар Быцæу кæнынц дыууæ лæджы. Загъд рахызт’ фидистæм, фи- дистæй æлгъыетытæм. — Кæд мæнг зæгъыс, уæд хуымы хъус Ненейæн фæлдыст фæу! — карзæй зæгъы фыдцъылыс цыргъбоцъо лæг æмæйæ лæдзæгыл æрæнцой кæны. — Кæд æз раст дæн, уæд мæрдты Джыгъайы де ’ккой фæ- хæсс! — дзуапп дæттй тыппыртæ лæг, йе схъæл рихитæ адауы æмæ йæ сииы сæртыл æрхæцы. — Уæ, Хуыцау кæмæн нæй, уыдон! Лæгтæ куы стут, кæрæ- дзи фыдусы ’лгъыст цæмæн кæпут? — уайдзæф сын кæны ур’с- боцъо зæронд лæг.— Иу та ма дзы æфсарм вæййы, æфсарм. Адæм уæм æрыхъуыстой.— Лæг хорз зыдта, иугæр хылгæнджы- тæ кæрæдзи Ненейæн фæлдиеынц, уæд фыдбылыз цæттæ у. Загъдгæнджытæ кæрæдзимæ хæцæг галты каст кæнынц. — Ненейæн дæр цы загъдæуа! — дзуры зæронд лæг.— Сыр- доны’ми нын бакодта, Сырдоны. Хин æмæ кæлæн уыд, уæлæуыл дæр æмæ мæрдты дæр йæ хинтæ нæ уадзы, адæмыл хæрам æф~ тауы. Дæлдæр ныххауæд, дæлдæр! Адæм дыууæ лæджы ’хсæн бацыдысты, баиргъæвтой сæ. Дыууæ кардæн сæ хъуыддаг иæ ацыд, сæ фынтæ сæ фæсайдтой- * * * Адæм уырдыг лæууынц Ныхасы. Æртæ зæронды бадынц дур къæлæтджынты, сæ сæртæ æруагътой, зæхмæ пыхъхъуыстой. Лæппулæгтæ иуварс’ лæууынц тызмæгæй, хæцынц сæ хъаматы сæртыл. Сæ цæстытæм сын бакæс — арт уадзынц. Адæмы раз- иуырдыгæй лæууы Нене — æмбис кары лæг, хæрзарæзт. Морæ цухъа аив бады фидар уæнгтыл. Бонджыи у æмæ кæны ныфс- джын каст, хæцы æвзистæхгæд хъамайы фистоныл. Иннæрдьь гæй лæууы ацæргæ лæг. Гæзæмæ фæгуыбыр æмæ æмпъызтытæ цъæх куырæты зыны, цы у, уымæй дзæвгар къаддæр. Кæсы йаё къæхты бынмæ. Афтæ зыны, цыма йæхи^æн тæрсы, уддзæф æй куы ахæсса, уымæй æмæ йæхи нылхъывта зæхмæ. 56
Мæгуыр лæг иу каст фæкодта хистæрмæ. Уыдон бадынц. цавддуртау æгуыппæгæй. Сæ уындæй йæ зæрдæ тынгдæр ба- мæгуыр, йæ уæнгтæ æрызгъæлдысты. Цы ’рцыд куырыхон хис- тæртыл? Куыд баталынг сæ зонд? Куыд бандзыг сты сæ зæрин’ дзыхтæ? Хъуыддаг — арвæй бæрæгдæр, уæд цæуылнæ рахæс- сынц сæ тæрхон? Сæ р’аст тæрхон. Гæр, сæ зонд,, мæн куы ба- хъуыд, уæд баталынг? Æви уыдон дæр мæнгард сты æмæ би- рæгъæн фарсласæн кæнынц? — Уыцы хъуыдытæ æвзæрынц мæ- гуыр Мутийы сæры.— Бакæс-ма уымæ, йæхи куыд сарæзта, цыма усгур æрцыд. Æвзистæй цæхæр калы. Æз та тынд мæгайы хуызæн. Уымæн йæ ныхасы дæр уæз цæуылнæ уа! Мутийæн йæ ныфс сæтты æмæ æмпылы йæхимидæг, кæны гуыбырæй гуыбырдæр. Уыйхыгъд Нене кæны ныфсджындæр æмæ схъæлдæр. «Бакæс-ма ацы гæвзыкк зæрæдтæм. Уæртæ сæ бызгъуыртæ куыд лæзæрд сты, афтæ баихсыд æмæ сфæлахс сæ зонд дæр.— Хъуыдытæ нывæнды Неие.— Ничи сæм кæсы! Нæ мыл æууæндынц. Хæрджытæ! Лæг чи у, уый ма зон. Афтæмæй мын сæхи тæрхонгæнæг скодтой. Ард мын бахæрын кодтой, адæм мæм æркастысты. Фæлæуут, æз сымахимæ фидаудзынæн. Æз уын фенын кæндзынæн, лæг цы у, уый» Хъуыддаг уыд афтæ. Мæгуыр Мутийæн Хъугомы уыд иу хуымы гæппæл. Уый уыд йæ ис| дæр æмæ йæ бис дæр. Ныр ыл æртæ азы дау кæны бонджын Нене. Фæзæгъы, кæддæр æй мæ- фыд дæ фыдæн хаццоиы радта, уал азы’ йæ фæхордтат, æмæ уын хæлар уæд, ныр æй йæ хицау агуры, æмæ йæ радтут, уæ хорзæхæй. Мути зоны, зыд лæг ьш хæрам кæны, уый, зонынц æй хъæубæстæ дæр. Фæлæ цы бакæна иунæг зæронд лæг? Уы- дис ын иуиæг фырт — йæ ныфс, йæ дарæг. Цæхæрцæст лæппу уыд. Уый æгас куы уаид, уæд Нене йæ цæсгом не суагътаид, йæ фондз фыртæй дæр дзы Мутийы зæхх байсыны ныфс иæ ба- цыдаид. Фæлæ иунæг сæрылхаст вæййы. Уырысы æфсад ацы коммæ куы бабырстой иу ссæдз азы размæ, уæд Мутийы сахъ фырт æрлæууыд сæ разы. Æрлæууыд æмбæлтты къордимæ. Сæ риутæй æрæхгæдтой знаджы фæндаг, сæ риутыл састой знаджы джебогътæ. Фæлæ хъыримаг нæ лæууы сармадзаны пыхмæ. Хæсгæ мард фесты хъæуы лæгдæртæ. Сыгъдысты хъæутæ, кал- дысты мæсгуытæ,— æфсад сын рæмыгътой сæ фисынтæ, цæмæй ма уой хæстхъом гæнæхтæ. Уæд ракалд Мутийы мæсыг. дæр. Сынтыл æм æрбахастой йæ иунæг фæдоны. Асаст йæ зæрдæ, схырыз йæ ныфсы цæджындз. Фæлæ рæстæг — хосгæнæг, цард — æндидзæг. Иæ бинойнагимæ цæрыныл фæлвæрдтой, фыдæбон цардыл пымадтой,— хъæувæтк лæгæн йæ хæс у æмæ йæ кодтой æгъдауæй, цæхх æмæ кæрдзынæй. Ныр царды цалх иинæрдæм разылд. Хицауад æрфидар, боиджынтыл* дары йæ арм, аудьп 57
тыхджынтыл, фарсласæн кæны къæрныХтæн, Уыдонæн дæ{) сæ рохтæ суæгъд сты, æмæ уæгъдибарæй аразынц сæ цард, стй^ъ- ынц сæ кæрæдзи дæр, адæмы дæр,-Нал ис æфсарм, хæльгфы- лдæлты ’гъдау, сæфы адæмы фарн. ;' Ненейы хистæр фырттæ дæр уыцы заман уыдысты х&ст- хъом. Фæлæ уыдон хæстмæ нæ равдæлд,—- сæ фыдимæ æфсн’айд- тоГг сæ фæллой, фынгтæ цæттæ кодтой уæлахиздзаутæн. Нæ -фæрæдыд Нене. Хæст иутæн ’ зиан хæссы, иннæтæн амЪнд: <Ссардта йæхицæн æнцæйттæ Нене. Йæ сыхæгтæй, йæ хæёт’æ- .джытæй знаджы ныхмæ чи ’рлæууыд, уыдон хицауад хаста Сыбырмæ. Нене сыл нæ батыхст. Сæ бынтæ уымæн задысты, æмæ йæ зæрдæ рад йæ туг, йе стæджы сæфтыл. Æртæ азы размæ амард Мутийы зæронд фыд. Лæг куы фæ- дæлсыджыт, уæд Нене мæгуыр лæджы хуым йæ куыст скодта. Мути йæ фыццаг ницæмæ дардта. Куыд ис уый гæнæн? Ахæм хæра?л куыдзы гуыбыны дæр нæ тайы. Науæд дæр хъæу хъæд нæу — адæм, Хуыцауæн табу, нырма адæм сты, уыдон уынынц, хъусыпц æмæ нæ бауадздзысты лæгæн хæрам кæнын. Ахæм хъуыдытæй йæхицæн ныфсытæ æвæрдта Мути. Фæлæ Нене æмæ йæ фырттæ ацы уалдзæг афæлдæхтой хуым. Хъуыддаг æрцыд адæмы тæрхонмæ. Мути зæронддæр лæгтæй скодта æвдисæнтæ. Уыдон загътой, хуым Мутийы фыды уыд, Хъугомы Ненейы фыдæлтæн зæхх никуы уыд,— уаицон хæрам нæу. Ницы рауад уыцы мадзалæй. Ныр тæрхоны бадынц æртæ хъæуы æртæ хистæры. Хъæу æихъæлмæ кæсы сæ тæрхонмæ. Фæлæ уыдон бадынц цавддур- тау, зæхмæ кæсынц. Цы зыдтой, уый фæдзырдтой. Æвдисæн- тæм фæхъуыстой, Иенейæн фæлæгъстæ кодтой — дæ Хуыцаумæ скæс, хæрамы фæллой нæ тайы лæгæн, дæ тыхы фæдыл ма цу, мæгуыр лæджы дуры сæр ма ныууадз. Нене нæ басаст, йæ цæст нæ фæныкъуылдта. Иу афон адæмыл афæлгæсыд æмæ загъта: — Æз, тыхы фæдыл чи цæуы, ахæм нæ дæн. Мæ фыд уыдис комы кадджындæр лæг, мæхæдæг уе ’хсæн цæрын, æгъдау кæ- нын, мæ зæххы сойæ сымах дæр хайджын вæййут. Хицауады 2>аз нымад лæг дæн, мæ дзырдæн аргъ ис. Нæ мæ фæнды, хъуыд- даг уыдонмæ бахæццæ уа, уый.— Нене та .адæмыл йæ дЬест ахаста, фæндыд æй, йæ ныхæстæй сæ уæны мигъ бацыд æ\ви нæ, уый базонын. — Къæрных арвы хъуг дæр давы, фæлæ ,хицауад хъуамæ арв æмæ зæхх кæрæдзийæ иртаса,— сдзырдта æртæ хистæрæй .иу.' Уыцы ныхас Ненейы бафтыдта ног хъуыдыйыл. Исдуг æдзы- лæг кæсгæйæ алæууыд, стæй загъта: 58
— Мæнæ мæ хуымпъыр — мæ тыхы нысан, мæнæ ма бæр-- цытæ — мæ фарны нысан. Нæй дзы дамбаца, нæй дзы топпы- хос. Уыдоны ис сыджыт — мæ фыдæлты зæххæй. Уымæй хæ- рын ард: зæхх мæн у.— Лæг хуымпъыр æмæ бæрцагъудæй сы- джыт æркалдта йæ армы дзыхъы,- стæй йæ бакалдта йæ дзыхы; • Нене ард бахæра, уый дзы ничи домдта. Адæм фæуыргъ- уыйау сты. Ненемæ афтæ фæкаст, æмæ йæ фæнд ацыд, йæ мй б^саст.а- адæмы, ныр йæ тын йæ къух ссардзæн. Уалыимæ фæ- сивæдæй чидæртæ сæ хъаматæм февнæлдтой. Æртæ хистæрæй иу йæ къух хæрдмæ систа. Лæппутæ сæ бынаты, куыд уыдысты, афтæ лæугæйæ баззадысты. - — Хуыцау дыи ма уæд, Хуыцау! — загъта къуызгæ хъæлæ- сæй-зæронд лæг.— Мах дын ард нæ хæрын кодтам. Ныр нæ зындоны баппæрстай. Ард табуйаг хъуыддаг у. Баууæндæм ыл, æмæ уæд адæмы раз нæхи худинаг кæнæм. Хъуамæ нæхи скæ- нæм куырмытæ, къуырматæ, æнæсæртæ. Ма йыл баууæндæм, æмæ уæд та Хуыцауы раз кæнæм нæхи та^ригъæдджын. — Иæ ард дæр мæнгард æмæ йæ сомы дæр! — фæхъæр код- та кæстæртæй иу цыбырдым лæппу. Хистæр йæ арм фезмæлын кодта. Фæсивæд фæсабыр сты. Дыккаг зæронд йæ мидбынаты арафт-бафт кодта, стæй загъта: — Замаиа у, замана... Уыйадыл Ныхас фестад ныв. Цыдæр æрвон тых адæмы æр- цавта нымæтын ехсæй, æмæ фестадысты дуртæ. Удæгас дуртæ. Тæлфынц сæ зæрдæтæ, цæвы сæ туг, ’фæлæ над кусы сæ сæ- рымагъз, нал змæлынц се ’езæгтæ. Афтæ у, æндæр зæриндзых зæрæдтæ цæмæн бадыпц æмырæй? Цæуылпæ дзурынц мæлгъæв- загæй ацы хæрамыл? Уадз æрхуда мæнгард лæг йæхиуыл. Уадз язмæ фидар уой фæтк æмæ æгъдау! Æви гуырысхо кæпынц, иырмæ бæлвырд цы зыдтой, уыцы хъуыддагыл? Зæрдæмæ нык- кæсæн нæй. Кæсынц æдзынæгæй зæхмæ. Тæрсы Мути, тыхсы. Нене ахæм æбуалгъ ми бакæндзæп, уый æнхъæл нæ уыд. Ныр тæрхоны лæгтæ ардыл куы баууæндой, уæд сæфы. Сыдæй мæлдзæн, уый мæт нал кæны, йæ худипаг мæлæтæй фыддæр уыдзæн. Дæ зæх- хы гæппæл дын исчи къæйныхæй байсæд, уый мардæрцыд у. Иу. хъамайы зæронд нæм ис, æмæ уый та куыд нæ абастоп мæ роиыл, уый! — ахæм хъуыды февзæрд йæ сæры. Хъамайæ пай- да нал ис, фæлæ кауы мих уæддæр куы бафтид къухы,— фæй- пæрдæм акæстытæ кодта Мути. Уыцы сахат адæмы ’хсæнæй иу лæг размæ рахызт. — Нæ буц хистаэртæ, хатыр бакæнут. Лæг мæиг ард бахорд- та’, уый уынæм. Æз ма зонын иу фæлварæп. Хатыр бакæнут. 59
хистæртæ. Кæд Нене раст у, уæд Дзаноты Джыгъайы йе ’ккой’ ахæссæд мæнæ, Ныхасы рæзты. Адæм исдуг джихæй аззадысты. Уыцы рæстæвзарæн уыд хъодыйæ фыддæр æфхæрд. Джыгъа — фидиссаг ус. Уый сæккой кæн æмæ йæ рахæсс-бахæсс кæн, уымæн хъуыд стыр æфсон. Æмæ йын æфсон та куыд нæ уыд. Зæххæй зыиаргъдæр ницы ис. Иæ исын цард исынæй æвирхъаудæр у. Хистæртæ уыцы фæлварæныл куы сразы уой, уæд Ненейы бахъæудзæн йæ къух оисын кæнæ зæххыл, кæнæ йæ намысыл. Зæхх æмæ æфсарм æвæрд æрцыдысты тæрхоны тæрæзтыл. Алчи дæр ныккаст йæ зæрдæмæ, йæ сагъæсты уыны уыцы барæн, æвзары, уæззаудæр кæцы тæбæгъ разындзæн, уый. — Фарн уæм бадзурæд, хистæртæ! — адæмы йæхимæ æры- хъусын кодта Нене.— Фыдæлты фарн сæфы. Ныхас тæрхондон нал у. Æнæфæнык къæбæдатæ дзырдæппарæн кæнынц. Макæ зæгъæг сын нæй. Уый; цы у, уый? Æртæ хистæры кæрæдзимæ бакæсынц. Урсбоцъо хистæр дзуры: — Хорз адæм! Æз базæронд дæн ацы хъæуы. Мутийы фыд нæ, фæлæ уый фыд Адтойы дæр æрæййæфтон. Зыдтон — Хъу- гомы хуым уыдон зæхх уыд. Ныр Нене нæ разы ард бахордта сыгъдæг сыджытæй. Хуыздæр хос нал и. Гигойы фæндыл ныл- лæууæм, скæнæм фыдæвзарæн. — Нæ уыдзæн уын!— тызмæг хъæр фæласта Нене.— Ам Ныхас и æви хынджылæгдои? Кæд уæ бон хъуыддаг æвзарын нæу, кæд фыдæлты æгъдауæн аргъ нал кæнут, уæд æз хъуыд- даг дæттын хицауадмæ. Уыдон æй равзардзысты. — Хицауад тыхджын у, уый зонæм, бавзæрстам æй. Арæх- сы хъуыддæгтæ æвзарыимæ, уый дæр нæ уырны, хъусæм æй,— фидарæй дзуры хистæр.— Фæлæ нæм хицауадæй ма хъыз. Мах пырма адæм стæм, нырма не ’гъдау йæ бынаты ис. 'Нæ хъуыд- дæгтæн иæхæдæг — сæ зонæг, сæ тæрхоигæнæг. Дæуæн та, Не- не, уый зæгъæм: кæд дæ ард мæнг нæу, уæд рæстæвзарæн скæн г— де ’ккой нæ рæзты ахæсс Джыгъайы. Мути сулæфыд, цыма пъæззыйæ феуæгъд, гфтæ/ Лæг ба- хæрдзæн мæнг ард, фæлæ уый бæрц худинаг йæ сæрмæ не схæсдзæп. Нене бирæгъ у. Бирæгъæн цæсгом нæй. Фæлæ адæ- мы раз йæхицæй хæрæг куыд -сараздзæн? Уыцы хъуыдытæй йæ зæрдæйы ссыгъд æнæбары ньгфсы рухс. Æндæр сагъæсты уыд Нене. Уалынмæ лæппутæ æрбакодтой Джыгъайы. Йæ конд — хæй- рæг, йæ уынд — æлгъыст. — Фарн уæ куывды! — дзуры Джыгъа къæйныхæй.— Уæ 60
разы куы ницы ис, уæд мæ цæмæ хонут? Нæхимæ заманайы къацциутæ — сывæллæттæ мын сæ ахæрдзысты. — Дæ сæр нæ бахъуыд, Джыгъа,— дзуры хистæр.— Нене, дæумæ у мæ ныхас. Кæд Хъугомы хуым сымах’ у, кæд дæ ард æцæг у, уæд Джыгъайы де ’ккой скæн. Джыгъа фыццаг бацин кодта, цытджын лæгты мæ сæр ба- хъуыд, зæгъгæ, стæй, хабар куы фембæрста, уæд батыхст, феф- сæрмы, фæлæ йæ зæрдæ йе’ муд æрцыд, æмæ загъта. — Хынджылæг ма кæнут, сылæн хæрæгыл бадын худинаг у. Чидæртæ бахудтысты. Хистæртæ бамбæрстой, хъуыддаг хъа- зынмæ аздæхдзæн, уый, æмæ урсбоцъо сыстад. — Нене, адæм дæумæ кæсынц. Тæрхондон домы дæуæй æгъдау. Нене фенкъуыст йæ бынатæй. Бацыд фидар къахдзæфтæй Джыгъайы размæ. Бакаст ын йæ чъиллон цæсгоммæ. Йæ цæст æрхаста усы бызгъуыртыл. йæ дыууæ къухмæ йын февнæлдта, йе ’ккой йæ баппæрста æмæ йæ фæхæссы. Адæм æндзыгæй лæу- уынц. Нене сæ æлгъиты, фæлæ уыдон ницы хъусынц. Нæ хъу- сынц Джыгъайы цины хъæртæ дæр. Нене æртæ зылды æркодта Ныхасы фæзы æмæ æрæппæрста йæ уаргъ. Ус ыл фæцъæхахст ласта: оцани ма кæн, мæ хæрæг, мæ бæрзæй мын састай, зæгъ- гæ. Фæлæ уыцы ныхæстæ худæг нал фæкастысты адæммæ. Мутийыл фæстæмæ пъæззы ныббадт. Йæхимидæг æнæбары хъуыргъуындæг кæны, фæнды йæ хъæр кæнын, фæлæ йæ бон нæу. Йæ сурхид акалд. Кæддæр ма йæ сæры иу хъуыды стъæл- фæнау спæртт кодта — зæххæй дур сисын. Фæлæ уыцы хъуыды дæр уайтагъд ахуыссыд. Æрмынæг йæ цæсты рухс, æмæ йыл дуне баталынг. Æрæджиау урсбоцъо зæронд сфæрæзта дзурын: — О Хуыцау, æркæс, тæригъæд бакæн... Не ’хсæн хæйрæг сæвзæрд. Табу дæуæн, Хуыцау, дæ фæдзæхст нæ бакæн. Хъулонзачъе лæг лæдзæг зæххыл æрхоста æмæ загъта: —- Нене, дæ хъуыры аирвæзæд уыцы зæхх. Ма дзы бафсæд. Иæ хор дын хæрам уæд, куыд хæрам кæныс, афтæ. Джыгъайы мæрдты дæр де ’ккой фæхæсс! — Пуй, æнæуынон фæу — йæ зæрдæйы тыппыртæ суагъта æртыккаг хистæр лæг дæр. — Багъæцут, æз уын, тæрхои цы у, уый фенын’ кæндзынæн! — бартхъирæи кодта Нене æмæ араст Ныхасæй.— Хæрджытæ! ^-иу хъæр ма фæкодта уынджы тигъыл, йæ къух сæм бавзыста æмæ фæаууон. — Мæ хæдзар фехæлд! — æрæджиау мæрдон хъæлæсæй сдзырдта Мути. — Хуыцау æй фесафæд дæ тæригъæдæй, мах бон ын ницы 61
у. Æгъдауы.сæрты ахизæн нæй,— хъæрзæгау загъта урсбоцъо- зæронд. Цыма йæ аххос уыдысты ацы хъуыддæгтæ, уыйау йæ сæр æруагъта, йæ лæдзæгыл æрæнцад. Размæ та рахызт Гиго. — Хорз адæм! Æгъдау махæй хистæр у. Фæлæ адæм куы стæм. Мæгуыр лæг не ’хсæн куы фесæфа,, уæд уый не сæфт у. Æз цы зæгъын? Хъæуæн ис æхсæны хуым. Уымæй Мутинæн иу бонгæнд радих кæнæм. — Раст зæгъы! Раст зæгъы Гиго! — схор-хор кодтой Ныха- сы адæм. — Хуыздæр фæут, — æхсызгон улæфт скодта урсбоцъо зæ- ронд æмæ йæ сæрыл схæцыд. — Уæ фарн тыхджын уæд, æгайтма уæм ахæм зæрдæ ис! — загъта хъулонбоцъо зæронд.— Хуыцауæн уарзон адæм стут,. мæнæ хъæубæстæ, æмæ уыи мæ сæрæй кувын. Ныхас райхæлд. Адæм хъæууынгты ахæлиу сты. Сæ ныхас, сæ дисæн кæрон нал уыди. Рацыд къорд азы. Нене хъæздыгæй-хъæздыгдæр кодта. Йæ- астæуккаг фырт, уыгæрдæныл фæбыцæу, афтæмæй фæмард кæй- дæр къухæй. Марæг баци Сыбыры хай, уыгæрдæн — Ненейы хай. Йæ кæстæр фырты йæм фæсæфцæгæй сынтыл æрхастой. Адæм удæн ныхас кодтой. Чи дзырдта, уыд абырджытимæ басг æмæ давгæйæ фæмард, чи та хабар кодта,, зæгъгæ, фæмард йæ фыды знæгты къухæй. Ненейы цæджындзтæй дыууæ ракалд, фæлæ йæ цард æнцади тымбыл исбоныл, æмæ йæ хæдзар пгс цудыдта. Адæм дзы се сæфт уыдтой, фæлæ сæ Нене мурмæ дæр» нæ дардта. Цы сты адæм тыхы раз? Фæззыгон сыфтæр — уады амæддаг. Фæлæ ис тыхæй карздæр тых. Уый у мæлæт. Уый нн- кæмæн бары — нæдæр цагъарæн, нæдæр паддзахæн. Æмæ йæ- цæфæй рафæлдæхт домбай лæг Нене дæр. Хъарджытæ кæны йæ ус, сæ цæссыг калынц йæ идæдз чып- дзытæ. Йæ хистæр фырт Бибарс кулдуар байгом кодта> йæ- бинойнаг къуымты зилæнтæ кæны, сæ цот кæрт æмæ мус æф- онайынц. 'Хъуысы хъарæг хъæуыл. Фæлæ хъæу, цыма æдзæрæг фæци^ афтæ ныссабыр, ныхъхъус. Зианмæ цæуæг иæй. Адæм сæ дуæрт- тæ сæхгæдтой. Бон цæуы. Сихорафон сси. Уæддæр мæрддзыгой зыпæг нæй. Бибарс тыхсы, катай кæны. Иу афон лæппутæй иумæ фæдзырд- та æмæ йæ барвыста сыхæгты зæронд лæгмæ — зиан æрцыд æмæ йын уынаффæ хъæуы. Лæппу фæстæмæ раджы æрбаздæхт, фæлæ сыхаг уæддæр нæма зыны. Хъæутæм хъæргæпæг æрвитьш хъæуы, фæлæ сых цыма хасты фæци — иу змæлæг дзы иæй. Рагацау зæгъын хъæуы ингæнкъахджытæн, кусартгæпджытæп,, фæлæ лæппутæи сæ кой, сæ хъæр пикæцæй цæуы. 62
Тыхсы Бибарс, катай кæны, рафт-бафт байдыдта, Изæрыр- дæм сыхаг хъæутæй æрцыдысты Ненейы хотæ. Йегъе кæнынц„ сæ уæрджытæ хойынц, сæ рустæ тонынц, сæ дзыккутæм лæбу- рынц. Цæуыл марынц сæхи? Нене сын цæрынхъуагæй нæ амардг йæ бинонты мæгуырæй нæ уадзы. Сылгоймаджы зæрдæ зонаг* у. Хатынц хотæ цыдæр æнамонд хабар. Дыккаг райсом сых сæ хæдзары куыстытæ ахицæн кодтой. Базмæлыд хъæу. Адæм уынгты цæуынц иугæйттæй, къордгæйт- тæй. Цæуынц, фæлæ зианджыны дуармæ ничи здæхы, æмбырд. кæныпц Ныхасмæ. Лæууынц, æнхъæлмæ кæсынц. . Уалыимæ æрбацыдысты фондз хъæуы фондз хистæры. Алæи сын сæ сæртæй акуывтой. Зæрæдтæ арфæ ракодтой æмæ æр: бадтысты дур бадæнтыл. Исдуг сæ дзыхæй ныхас нæ хауд. Стæй урсбоцъо зæронд сыстад. Кæддæр ам тæрхоны куы бадт, уæд дæр йæ азтæ дзæвгар уыдысты, фæлæ фидар уыд. Ныр баруад, гæзæмæ фæгуыбыр. Лæууы, цыма дзы йæ ныхас ферох, афтæ,. ка^сы адæммæ. Уалынмæ схæцыд йæ сæрыл æмæ дзуры: — Фарн уæм дзурæд, хорз адæм. Зын уавæры стæм, зиан æрцыд хъæубæсты. Мардæн хъæуы æгъдау кæнын. Нене уыд нæхицæй, нæ туг, не стæг. Цард не ’хсæн. Цард, фæлæ цардæв- зарæн нæ кодта, кодта тыхæвзарæн. Хæлдта фæтк, хордта мæнг ард. Адæмы ’хсæнмæ хаста хæрам æмæ фыдæх. Зæхх — нæ рат- тæг, нæ дарæг. Нене дзы кодта тыхтона, йæ цоты ардыдта фыдракæндыл. Иæ азарæй æрцыд фыдбылызтæ, калди туг, ба- бын сты цалДæр хæдзары. Мардмæ цæуын нын фыдæлтæй баз- зад. Фæлæ ацы хатт бафтыдыстæм зып уавæры, æмæ уæ ку- рын уынаффæ. — Уый фыдгæпæг уыд! — Уый лæг пæ уыд! — Уымæн йæ мардмæ цæуын нæ хъæуы! — хъæр оистой алырдыгæй. Сыстад дыккаг хистæр. Адæм фæсабыр сты. -— Нене цы уыд, уый зонæм. Фæлæ мардæй цы агурæм? Хъуыдис ыл хъоды кæпын. Нæ нæм разынд уыцы зопд, уыцы пыфс. Хуыцау — тæрхонгæнæг. Уый йын йæ къабæзтæ æрæхсæ- ста. Фаг ын уæд Хуыцауы цæф. — Уый хъоды уыд! — дзуры Гиго.— Лæгау лæг нал цыд йæ хæдзармæ, иал æй хуыдта йæ фынгмæ. Уымæн бынат нæй пæ уæлмæрдты! — Бабын кæндзæн мæрдты! — райхъуыст кæйдæр ныхас. — Хорз адæм,— йæ хъæлæс фæбæрзонд кодта урсбоцъо зæ- ронд.—Адæмы фыдæх Хуыцауы азарæй тыхджындæр у. Хъуа- мæ фыдгæиæг тæрса адæмы фыдæхæй. Уый нæй, уæд æгæнои уæгъдибар кæны, æмæ сæфы адæмы фарн. Цы фæнд уæм исА хорз адæм, зæгъут æй. — Нæй уымæн бынат пæ уæлмæрдты! 63
— Мах æнаккагæн æгъдау нæ кæнæм! — Фæсивæд, сымах стут нæ дарæг, нæ ныгæнæг. Сымахмæ та цы хъуыды ис? —фæрсы хистæр. — Махæй уымæн ингæн ничи скъахдзæн. Йæ чырыныл н-иЗи схæцдзæн. — Адæмы фарн сæфт ма уæд,— загъта хистæр æмæ сбадт. Адæм фæкъордтæ сты, къутæртæ-къутæртæй лæууынц, пы- хас кæньгнц. Ненеты кæртæй цæуы фысты уасын, галты богъ-богъ. Сæ мæлæт базыдтой æмæ сæ тæригъæд Хуыцаумæ хъарынц. Кæсынц адæм — æрбацæуы Бибарс, Ненейы хистæр фырт. Нич,и йæм раздæхта йе ’ргом, ничи йын кæны тæфæрфæс. Сæ ныхас ныууагътой, лæууынц æнцад. Уый баздæхт хистæртæм. — Цопан, зиан ныл æрцыд, стыр зиан. Нæ мардыл нын кæугæ иæ кæнут, æмæ уæ кæуын ничи домы. Фæлæ йын æгъдау кæнын цæуылнæ уадзут, цы фæнд кæнут? — Мах цы кæнæм, мах? Адæмы фарн цы зæгъы, уый кæ- нæм, — зæгъы урсбоцъо зæронд. — Æгъдау халын нæу нæ бон. — Æгъдау халут, æгъдау! Хистæртæ стут, фæлæ рæдийут! — тæвд кæны Бибарс. — Хистæрты æфхæрын фæтк халын у. Рыст адæймаг дæ, æмæ дын уый хатыр уæд,— дзуапп дæтты Гиго. — Ныхас уынаффæ рахаста: Ненейæн бынат нæй нæ хъæуы уæлмæрдты,— фидар хъæлæсæй зæгъы дыккаг хистæр; — Уый æгæнон ныхас у. Барст уын нæ уыдзæн! Ненейы туг нырма нæ байсыст! — æртхъирæн кæны Бибарс. Уыцы афон Ныхасы уæлбæхæй æрбалæууыдысты пъырыстыф , æмæ.фондз хъазахъаджы. Пъырыстыф саргъыл хъал бадт кæ- ны, йæ рахиз къух йæ синысæр æрæвæрдта æмæ дзуры: — Ам чи халы закъон? Цæмæн стут ам æмбырд? Бунт кæ- нут? Нене паддзахæн хион лæг уыд. Уымæн æгъдау хъæуы. — Хион æмæ лæггадгæнæг кæмæн уыд, уый йын скæнæд æгъдау,— дзуапп дæтты урсбоцъо Цопан. — Æз уьгн зæгъын: цæут æмæ зианы хъуыддаг кæнут. Ин- гæи .скъахут. Хист, хæрнæг цæттæ кæнут. Бон цæуы — афон у. — Хорз адæм, уынут, Ненейы сæрхъуызой нæм æртхъирæн кæны, тыхæй нæ домы лæггад кæнын. Цы зæгъут, цы дзуапп уæм ис? — фæрсы хистæр. — Мах нæ ныхас загътам. Фыдгæнæгæн нæй æгъдау кæнæп. Нæй йын бынат уæлмæрдты! — дзурынц адæм æмхъæлæсæй. . Пъырыстыф ацамыдта хъазахъæн. Уыдон сæ хотыхтæм фев- нæлдтой, фæцыд иу га^рах, æмæ сæццæйæ аззадысты. Пъыры- стыф акаст алырдæм. Мæсгуыты рудзгуытæ æмæ чъырынты сæртæй кæсынц хъæуы лæппутæ, сæ хъыримæгтæ уазджытæм 64
арæзт. Пъырыстыф иу дзæвгар рæстæг сагъдауæй алæууыд, •стæй йæ бæх разылдта æмæ афардæг йæ салдæттимæ, цыдæр .æртхъирæнтæ йæ дзыхæй калд, афтæмæй. Асаст Бибарсы ныфс. Лæгъстæ кæны хистæртæн, куры ха- тыртæ — хъусæг æм нæй._ Фæстагмæ æрхаудта йæ зонгуытыл зæрæдты раз. — Лæппу, уæлæмæ сыст, афтæ нæ фидауы,— зæгъы Цопан.- — Бирæ хæрам фæкодтат фыдæй, фыртæй. Уый нын фаг нæ уыд. Ды нæм азрбакодтай æфхæрджытæ, сардыдтай ныл хи- цауады. Æгæр хæрам у уый, æгæр. Ныр дын зæгъын ацы адæ- мы помæй: уæхæдæг фаг стут зиан бавæрынæн. Дæлæ Хъугомы хинæй цы зæхх байстат, мæгуыр хæдзар цы хуымыл байсæфтат, уым бавæрут уæ зиан. Иæ уæлмæрд уыдзæн ныстуан фыдгæи- джытæн. Сыстад Бибарс. Йæ цæстыты зынд йæ зæрдæйы маст, фæлæ уымæй карздæр та уыди адæмы æдзæм мают. Цы хъом у тыз- мæг æхсæрдзæн æндон айнæгæн? Иæ бон базыдта æнамонд эианджыи æмæ сæргуыбырæй араст йæ хæдзармæ. Ненейы кæстæртæ скъахтой ингæн хуымы хъус. Бавæрдтой марды. Скодтой йын хист. Фынгыл нæ бадтысты урсбоцъо зæ- рæдтæ, рухсаг кодтой бинонтæ, æрцæуæг хионтæ. Ныр хуымы хъус зыны тæзæмæ тыппыр. Сæрды фæвæййы хæмпæлы бын, зымæг æн æрæхгæны хæххон мит. Фæлæ уыцы къуыпгонд рох нæу хъæубæстæй. Мысынц æй, хъæуа-нæхъæуа, уæддæр. Дыууæ лæджы фæбыцæу сты, кæрæдзийы ныхасыл гуырысхо кæнынц, уæд та фæзæгъынц — мæстыйæ кæнæ хъаз- гæйæ: «Кæд мæнг зæгъыс, уæд мын хуымы хъус Ненейæн фæл- дьгст фæу». Æвæдза, кæд æлгъьют исты давы, уæд Нене Сырдонæй фыд- дæр фæци йæ хъæубæстæн. 1992 азы 4 январь. 5 Мах дуг №► 4
ХЪАЙТЫХЪТЫ АЗÆМÆТ КЪАСАРАЙАГ ЗАРДЖЫТÆ УС ÆМÆ ЛÆГ Цардысты нæ хъæуы иу ус æмæ лæг. Уыд сæ иу æхсон дур, иннæ та цæвæг. Сагау лæг бæрзæндты хаста-иу йæ сæр, Усæн та фырхъалæй хох дæр уыд къæсæр. Кодта лæг æздæнон, Ус дæр ын кæм саст! Се ’фсармы дзæкъулæн аскъуыдтой йæ баст. «Дæн, дам, æз пъырыстыф, хæдзарæн йæ тъуз, — Бахоста-иу къухæй риуы фæйнæг ус. «Афтид у дæ корто, асæй та — æхсæр, А лæппу у, бамбар, а хæдзары сæр!» «Ды сæр дæ, æз къубал, - ус дæр та фæкъæртт, — Æмæ мæн куы фæнда — фестдзынæ уæдæртт». Сæр фæджих и, загьта: Оу, мæнæ хæйрæг! А усæн цы хъæуы? — Сечъынатæй лаег!» ÆЗ НЫХХУДДЗЫНÆН Искæд адардзæн йæ гутон Арф мæ хуымгæнды мæлæт, Фæлæ ме ’хсæст хор æлутон, Уый нæ акæндзæн тæлæт. Кæд мæ ингæны сæр хус къæй Искуы схъил кæна йæ сæр, — Хурау дидинæджы къускæй Æз ныххуддзынæн уæддæр. У мын, у æвдисæн арв дæр, Уым и ме стъалы мæнæн. Зæхх цы гутон къаха арфдæр^ Уый хуыздæр калы тæмæн. КЪАСАРА Зары ам аг, Зæрæмæг, Къасара — къæсæр. Сау къæдзæхтæ систау Суардæтты сæр-сæр... Нузалы цъæх айнæг. комы бикъ — дæгъæл. Чъырынтæм ыстæхæн халонæн дæр нæй, Мигъ дæр сæм ысхилы хаттæй-хатт зынæй. Ам бындур Цæрадзон бавæрдта кæддæр. Уый тæссæй нæ бадти фидарыл къæм дæр. Ам Дауыт - Сосланæн йе стыр ныфс ныхсыст. Кард дæр æй нæ карста, фат дæр дзы нæ хызт. Сагсур Ос-Бæгъатьф ацы ран ыслæг. Уарн дæр нæ хаста Ирæй уæд ыстæг. Сахъ Гоцъи фæйнæгфарс Хетæджы кæстæр, Сау богалæн кардæй акъуырдта йæ сæр. Фæлæ ам Къостайæ номдзыддæр нæ уыд. Уый ирон фæндыры бавæрдта йæ уд, 66
/ЖЪОДТАТИ СТЪАЛУТИ ФÆД ЗУЙМОН ИЗÆР Мæйи тунтæ — ирд будурти Къæхти буни — хъæс-хъæс мет. Кæдзос уæлдæф — лæги хъурти, Лæги зæрди — рохс ниннет. Цалхи къес-къос идард таги, Гъæдæрдæмæ уæрдунвæд. Зуймон æстуф игъусагæ *й: Карки хъудат, куйти рæйд. Гъæуи сæрæй — хæлхъойзарæ, Гъæуи бунæй — силти гъæр. Æнæцирагъ —- нæ хæдзарæ, Æнæсогтæ — нæ къæсæр. Дæ реуи гъар — пеци арт æй, Коми тулфæ — тохона. Ниммин кæнæ фæлмæн батæ, ’Ма мæ зæрдæ ратона. Мæйи тунтæ — ирд будурти, Къæхти буни — «хъæс-хъæс» мет# Кæдзос дунгæ — лæги хъурти, Лæги зæрди — рохс ниннет. Æрцудæй ихæсфедæн рæстæг, Дууæ дуйней æхсæн æрлæудтæн, Сæ еу мæ ку нæ уадзуй хæстæг, Сæ иннæ ’мбæл æхсæй ралæудтæй. Æрцудæй æрнимайæн рæстæг, Къæхти буни змæлуй тæссар хед, Хуцау мæмæ кæсуй: «Ци гæнгæй— Мæгур уогæй хъалку дæ, Поэт?! Мæ бæлæстæ хуайунцæ сæхе, Сæ дзигтотæ тонунцæ неугæй; Нæ дæ уадзæн, нæхе дæ, нæхе: Ци рараст дæ æносмæ кеугæй. Æрцудæй кæронгæнæн рæстæг, Æздирвуй мæ Æрфити æрхун, Нигулуй мæ фалдзостæ фæззæг, Кумæдæр æрдзи хæццæ тæхун... СИФТÆРХАУД (Цæрикъати Александрæй) Сифтæрбæл зæрдæ ес 'Ма резæнгæ кæнун æиæбари. Фæззигон тæхсгæ нез! Бацудæй æрдзи уод цæун кари. Рæусир-сир... Ниннихæстæй мегъæ бæлæстæбæл, Цидæр тарстхуз дунгæ Гъезæмарæй маруй и зæнгити, Тухст зæнхæбæл уаруй... Никъолгæ рохс ’ма тар, Сурхæхсед мегъи буни фæцæй. Ир^ къалеути фæсмои, Арви зир-зир, 'Ма хаун, æбæрæгмæ хаун... Æй сауæр цъетейæн æ уорс фурт, Фал уайтагъд бафтуйуй лæкъун донбæлг Дон, цæугæй нæбал фæууй фæлсугъд, Фæххуайуй мард кæрæфти сау комбæл. 67
Уарзт фæууй е ’дайæни рæсугъд, Маст кæнуй араугæ æ кæрони, Цард цæуй, — кæнæн си бунти сугъд. Фæххæссуй нæ сау адзал æ рони... * * * Арвбæл æстъалутау берæ ’нцæ адæн, Æма еугурæй дæр — уарзон! Арвбæл мæйи хузæн еунæг дæ мæнæн, — Дæуæн некæми ес фазон. Уадзис уарзти тунтæ зæрдæмæ æдзох, — Тæдзуй ниви сугтæ зæрдæй. Мæ уод мæ гурæй фæууй еугур цох, — Тæхæд ми, æвæдзи дæу æй.. Фал æрæмбæрзуй хатгай дæ цæсгон Масти, царди мегъæ, ’ма уæд Мæнæн ниттар уй и дуйне — æгæрон, Фесæфуй стъалутæн сæ фæд. Арвбæл æстъалутау берæ ’нцæ адæн Хуцау, ра-мин æдтæ мæйрохс. Арвбæл мæйи хузæн еунæг дæ мæнæн, — Макæд, ма рахуссæд дæ рохс. Ду мин ку нæ уай, нæ гъæуй мæ неке, Уадзæ ми ирд тунтæ, кæдзос, Цæмæй æз дæу фæрци уинон и дуйне: Еу бон мин цæмæй уа — æнос. Арвбæл æстъалутау берæ ’нцæ адæн, Æма еугурæй дæр — фазон... Арвбæл мæйи хузæн еунæг дæ мæнæн, Мæнæн еунæг ду дæ уарзон. * * * Дæ фæлмæн идзулд мæн æй, Æй мæ зæрдæ дæ дзщтоти. Римæхст ми уæд цæмæн æй Дæ зæрди канд баст агъоди? Неци мæ гъæуй дæуæй, Бамæ-уадзæ дæхе уарзун. Балæдæрæ, — нæ гъæуй Уарзæг уодмæ уотæ карз ун... Дууæ цийни æма дууæ масти Дууæ царди æма еунæг ард! Æз фæуун, цæфсгæ согау нæ уарзти, Ду фæууис æнæ мæн иуонгмард. 68
Дууæ цæсти æма дууæ къохи, Дæумæ кæсгæй фенкъарун рохс уод! Æз фæуун некебал нæ фæццохи, Æз фæуун нæ фæццохи инод. Дууæ цардиз æма дууæ уоди Дууæ зæрди æма зæрди конд Æз фæуун «æррайау» нæ амондн, Æз фæуун нæ амонди фур сонт. Дууæ цæсти æма дууæ цæсти Кæрæдземæ кæсунцæ фур сах. Евгъуйунцæ фурдесæй нæ рæзти, Гъуди дæр некебал кæнæн мах. Дууæ роси æма дууæ роси Æмбæлунцæ рахес ма рахес, Æппундæр мин мæ уарзт нæ ягъоси, Æгириддæр не ’нкъарис мæ фес. Еунæг бæлдæ байзадæй мæ уоди — Еумæ цард, дæУ хæццæ еумæ! Гъæу мæбæл ку йæна æртæ хъодий, Уæддæр бабæй ледздзæн æз дæумæ... ЗÆНХКОСÆГИ ГЪАРÆНТÆ Мегъти агъуд æфсæдтæ Арвбудури тæхуицæ Дзармадзани зуст фæттæ Цæф гъæбести тонунцæ. Æрттеваги пæрттитæ Усмæгай фæкъкъех унцæ Ехти тумбул къæрттитæ Зæнхи цар æстъегъунцæ. Нур бацæй зад бæлæстæн Зæнхи барæ сæ рæзæ, — Састкъалеу, сифæцъæстæй Æруагътонцæ сæ уæзæ. Рахъан æнцæ будуртæ Æд тиллæг зæ-зæугæнгæ. Ех-мæнæутæн сæ хъурти, Ех — халсартæн сæ зæнги. Ивулуй уазал зæйтæ И къолтæй хезнитæмæ. Сауæдæнттæ, арф цъæйттæ Ниххаис æнцæ билтæмæ. Ниттудтонцæ рауæнти Зæронд къæстæн сæ сæртæ. Ех, ’сæмбурд æй аууæнтти Уорс-уæрсид, кæртæ-кæртæ. Сабур гъæу исæзманст æй, Фонс нимбохуй æ зæрди. Ехи хъуæл мæргъти уастæй Æй æ реуи æвæрди. Снлголмæггæ тонунцæ Пъæстугай сæ дзигготæ. Зæронд лæгтæ хуайунцæ Бугъзур къохтæй сæ гомтæ. Æрмæстдæр сувæллæнттæн Нæбал ес цийни кæрон. Нур уонæн сæ рохс сæнттæ Куд дардзæн, куд ма цæрон?! ...Зæнхæбæл — сау халæнттæ» Бæгънæг уодбæл — халасæ. Никкæлæнтæ мæ бæнттæ, Мæн дæр ма ех, фæлласæ... 69
ЗУЙМОН БÆЛÆСТÆ Нæ сæрæн нæбал ан зумæгæй, — Сæрддон тог искалдæй сæ хъурæй, Мет бабæй ку уаруй. Сæ медцъарæ ку нæ ’й. Салд бæлæсти тæрегъæд уæгæй Фæллад уодмæ гъаруй. Ниббадтæй сæ бауæрти уазал, Нæ сæ уадзуй змæлун. Къалеути æнгулдзитæ ’ргъæвстæй °' ^лæстæ, .- мæ цард, мæ Амонунцæ бунмæ, Мæ ф Фал зæнгитæ сау зæнхи тъунстæи ^ ч * ^ г ^ Унæргъунцæ нур ма. Дунгæ сæ ма ниссæттæд зустæй Æртæфсæнтæ хормæ... О, бæлæсти къæхтæ мæрдфунæй Цæстисугтæ сæрфун мæ дустæй, Ку бацæнцæ курмæй. Ку рабадтæн дорбæл... * * * Мегъти сарсинæй арв Сæл^фунæг лæуаруй. Сонт бæлæсти телгæ уомæл сæртæ Фæссæйгæ ’нцæ, цума. Уазал нез мæ маруй, — Нæбал уинун нæ гъог синæр цæгъдгæ... — Фæндараст, фæндараст!.. И хъурройти фæдбæл Ратæхунцæ резгæй суд сифтæртæ. Фæндараст, о мæ уарзт, — Киндзæ адтæ, фæззæг, Сутъзæрийнæд’зигко ’ма къæртрæзти. Мегъти сарсинæйарв Сæлфунæг лæуаруй, — Рагуалдзæг фæххатуй нур æ дустæ. ^æлласуй бони гъар Цæугæдон ивадæй, Æстонг анз мæгур гъæумæ ’рæсмуста... Хуæрзбон, зин царди рохс æууæнкæ, Хуæрзбон, саст нифси мард цæргæс! Хездзæн фæстаг бон, нидæн кæугæй, Раст мегъти фæсте, — арви цæф... Мæнæн нæ бантæстæй бавдесун Мæ уарзт, мæ магт ма мæ рист уод, ’Ма финсæн сес дор нæбал есун, Кæнуй мæ реуи дзурд инод. ^уæрзбон, мæ гьæу ’ма уарзон адæн, Хуæрзбон, ме ’нгарæ, ’ма æрдхуард, Мæнæн Лидикъос исæнадæ ’й, РÆæнæн фенадæ æл мæ цард...
Сфæлдыстадон бынтæ АГЪНИАН ÆМБИСÆНДТÆ, ТАУРÆГЪТÆ, ЗОНДЫ НЫХÆСТÆ, ÆЦÆГ ХАБÆРТТÆ (Агъниан дзуры 26.11.1977. Сабат, боны 15 саха- тыл. Ныффыста сæ Цæрукъаты Алыксандр) СУГЪАРЫ БÆХ Бытъæты Сугъары цъæх бæхы хъазахъаг фæцæй- ласта. Мах лæг кæцæйдæр сцæйцыд æмæ йыл хæрхæм- бæлд фæци. Хъазахъагмæ тогш фæдардта, байста бæх, фæлзэ лæджы ауагъта — маргæ йæ н’акодта. Мах лæг бæхы йæ разæй ракодта йæ хицаумæ. Уæдæй фæстæмæ Сугъары хæдзар махимæ лымæн рахаста. Дæ фыд ма хъазахъаг къæрныхтæй байста урсдой- яаг Æгъуызарты галтæ. Уыцы хабар Æгъуызарты Хæчъассæйы фырт Мæрзахъул йæхæдæг дæр арæх куы фæдзуры... НÆХИ ХАДЗЫХЪЫЗ Нæ тыхстыл-иу нæхи Хадзыхъыз æдзух махæй тых- хæй дæр хуыйæн (машинæ æлхæдта. Æ13 ма дзы цы куы- стон? Хорхъуаг уыдыстæм, æмæ йæ зæрдæ дардта, язвæццæгæн, мæн бауыдзæн, зæгъгæ. йæ ныхас-иу аф- тæ уыд: — Машинæтæ бирæ дæр ис, фæлæ зонгæ машинæ ;куы нæ уа... Зонгæ машинæ хъæуы, зонгæ! Уымæй афтæ — йæ къухы куы бафта, уæд уымæн дæр афтæ хуыйдзæн. йæ фырт Г... цуанон лæг уыд, æмæ нæ уый та топп агуырдта. Фæбадт-иу мæ хуыссæ1гуатыцур, фæныхæстæ- иу кодта, рынчынфæрсæг куыд вæййы, афтæ, гъе, стæй- иу æгшынæрæджиау одзырдтаид: Кæрон. Райдайæн «МД» 1993 азы 3 номыры. 71
— Уыцы фондзæхстон... —-Цавæр фовдзæхстон? — тынг хъыг мын уыд, æмæ~ иу карзæй бафарстон. Уæд мæнæй цæй тсшп агурыс? Не сæфты фæстæ нæм зæгæл куы нал ныууагътой, уæд ма хæцæнгæрзтæ дард- там? Хадзыхъызæн йæ чызг пысылмонхъæуккаг ус,—уый та дын дæ къухтæй дæ фыды басылыхъ куы къахта, лæгдыхæй йæ иста... Уæд дæ кæд басылыхъ хъæуы, уæд æй скæн дæ дыууæ къухæй. Кæд нæ зоныс, уæд та æн- цад сбад. ÆНГУЫРСТУАН Г...ты Хъ-ы гыццыл чызг сæ сыхæгты. усæн се’нгуырстуан авæрдта. Фыд уый куы базыдта, уæд æм кæртмæ. топпимæ рагæпп ласта æмæ йыл, æнгуырстуан цæмæн радтай, зæгъгæ, топп фæкодта... Ахæм фыдбылыз ракæн!.. Дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр — æнгуырстуан! ДЖ...ТЫ МАСА Маса уыд сидзæргæс. Ацы цардыуаг куы райдыдта, уæд æм хицауад сæ цæст дзæбæх дардтой, хъæуы æм- бырдтæм дæр æй арæх кодтой. Уый кæйдæрты зæрдæмæ нæ цыд, æмæ йыл алцытæ мысыдысты, цæсты йæ æф- тыдтой, зарыдысты йыл: «Дж...ты Маса, Дæ карк ныууаса!..» Мах лæг йæ фарс хæцыд, Масайы æфхæрын нæ уагъта. УÆД ÆЙ ЙÆ УД СИСЫН БАУАДЗГ.. Мæ хо Чабæ, Агуыбейы мад, цардæй ницы федта. Хуымæтæджы адæймаг нæ уыди, бæргæ... Фæндырæй, къухæй — мæнæй дæсныдæр. Æз кæй нæ кодтон, уыдоп дæр уый кодта, Аргъæуттæ дæр хуыадæр зыдта. Цæрукъатæм раджы æрцыд. Сабазджери хорз лæг уыд, фæлæ сæ хæдзарыл зиантæ бирæ цыд. Æвзæр ти- фы заман сæ стдæс амард. Мæ хойы цот иууылдæр^ Агуыбейæ фæстæмæ, уæд аивгъуыдтой... Чызджытæ ма 72
йæ фæстæ баззадысты Чабæйæн. Иу дзы — бынтон чы~ сыл. Рынчын сабийæн йæ дзыхы цы акодтаиккой, уый . нæ уыд. Авгæй йын бардæйы къу’ымæл адардтой æмæ йæ сомдта... Иæ фыд Сабазджери уый куы [федта’, уæд бауадзыг, ахауди. Чызг дæр — нал, йæхæдæг дæр — нал. Фæлæ-мæ игæртæ тынгдæр цæуыл хæлынц? — мее хо куы марди, уæд æй йе ’фсин, Бицъон Чабæ, бай- йардта: «Чындз, дæ цæстæй цы уыныс? Дæ цæстæй цьг уыныс?» Уæд æй йæ уд сисын бауадз!.. Цы дзы уыдта мæрдты? Иæ игæртæ йын уыдта?.. БЕСОЛОН Уататы Хъæвдын æрхаста Бесолты Цæппойы чызджы. Ног чындз фæндырæй цæгъдын йеддæмæ Хуыцауы бьш æппындæр ницы зыдта. Уæд иу хатт Дагомæй Цъамадмæ йæ фарастаздзыд лæппуимæ фæцæйцыд, фæндагыл лæшуйы фæсонтæ фæхоста, æмæ сывæллон Цъамады уынджы туг сомдта æмæ амард... Уый фæстæ чындзы сæхицæй байуæрстой. Бесолэн-иу арахъ куы уагъта, уæд-иу ын Цъамады лæппугæ йæ арахъ донæй аивтой агуайæны мидæгмæ. Бесолон-иу мæстыйæ афтæ: «Гъæ> мæнæ божымой- ты хъæу!» — æмæ-иу ын уыцы дзургæ-дзурын искæй куыдз йæ къухæй йæ кæрдзын кæнæ йæ гуыл айста. Ахæм адæймæгтæ дæр æрæййæфтон. КЪУТÆРОНЫ ХÆФС Уырымты ус, Къутæрон,; мæ фыд Увæдзæи, иу бæ- гæны ануаз, зæгъгæ, хъæзын къус дзагæй рахаста. Нуазы Увæдз æмæ, къусы бын куы сзынд, уæд дзы хæфс агæпп ласта. Ус фефсæрмы æмæ ма афтæ сфæрæзта: «Нæ бæгæ- ныйы тъæпæнæг уымæл ран ис, æмæ...» ДОН ЗЫМÆГОН Дон-иу нæ уыд зымæг... Æрмæстдæрæ иунæг суат дон Къæргъæнты. Æмæ^иу Цъамадæй фос дон .нуазынмæ Дагоммæ бæхтыл скъæрын бахъуыди. 73
ЦАГЪАЙЫ-ФЫРТ Хъараты Микъолоз æмае Бæтæйы, дыууæ æфсымæ- ры, рæстæй Сыбырмзæ ахастой... Ацы хабар тынг дар- дыл у, дзургæ даэр æй арæх куы фæкавнын, фысгæ дæр æй ныккодтат... Чидæр кæмдæр быдыры хъазахъаджы амардта, æмæ адоны ’фсон фæци... Мæ фыдыхо Агъна- ты Сæнæхъьш Микъолозæн лæвæрд уыд, æмæ куырдуа- ты баззад, фынддæс азы фæбадт, Микъолозы æрцыдмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Адæм кастысты, æмæ йæ агурын байдыдтой. Фæстаг- мæ йæ Дыгуры комæй Цагъатæ куырдтой, фæлæ йæ ма- хонтæ нæ радтой, уыцы хæхты фæндæгтыл, дам, чи фæ- цæудзæн? Æмæ Цагъайы-фырт уæд æндæр ус æрхаста, йæхæдæг уый фæстæ Амырыкмæ афтыд. Фæстæмæ куы ’рыздæхт, уæд Агънатæм æрбацыд æмæ загъта: — Сымах мын уæ хойы нæ радтат, фæлæ уыл æз уæддæр стырзæрдæ нæ дæн, мæхицæн уæ хæстæгыл ны- майын. ОЛИСКÆ Хъараты Телса дыккаг усæн Уырымты Олискæйы куы куырдта, уæд ын æй’Уырымтæ сæхæдæг нæ уагътой: — Ай адæймаг нæу, хæдзармæ бауадзынмæ нæ •’бæззы. Уæд Тепса: — Цытæ дзурут, æз сырд куы сахуыр кæндзынæн! Фæлæ йæ хабар афтæ рауад, æмæ йæ Олискæ хъæусаветтыл æрзилын кодта, Тепсайы зæронд ус По- лийы та сæ хæдзарæй сургæ кодта. Сыхæгтыл зылд æмæ сын мыздыл къухæй нартхор згъæлдта: машинæйæ уæл- дай нæ уыд — уайтагъд-^иу голлаг айдзаг згъæлд нарт- хорæй... Уый фæстæ йын цыдæр райгуырд. Цы уыд, уымæн раиртасæн нæ уыд: нæ йыл — сæр, нæ — къæхтæ. Адæм æм диссагæн уынынмæ цыдысты. Олискæйы рæстæджы Тепсатæм цард иу æххуырст æмæ æвиппайды цыдæр æрбаци. Цы фæци, уый абон дæр ничи зоны... 74
КАЛМ Уæд ма ды хæрз чысыл уыдтæ’: къахыл нæма уадтæ, дæ фазыл бырыдтæ... Æз нæ даргъ сарайы фæтдзæгъдæнæй къуымбил цагътон, сыхæгты устыгæ Гзæти æмæ Госæгъа’ та нымæт уæрдыны куыст кодтой. Ды нæ цуры хъазыдтæ зæххыл æмæ иу сахат, цы ’рбадæ, уый иичи базыдта. Сарайы къуымты куынæ зындтæ, уæд уынгмæ рауадтæн. (Стыр уынг раздæр мах рæзты цыди, махæй Челæхсаты ’хсæн). Гъемæ уынгмæ куыддæр рауадтæн, • афтæ ныхъхъæр кодтон. Иннæтæ мæ хъæрмæ разгъордтой... Ды уынджы дæ фазыл хуыссыс, дæ ныхмæ стыр калм йæхи хæрдмæ систа æмæ дæм æрхъав-æрхъав кæны.., Ды дæр æм кæ- сыс. Нæ хъæр æмæ иæ цъæхахстæй калм фæтарст æмæ алыгъд. Уыцы калмы уый фæстæ нæ къутуйы бын чидæр федта. Лæгтæ йыл æртигул сты, топпæй дæр æй фех- стой, фæлæ та цыдæр фæци.. Афтæ-иу бирæ азты дæргьы рæстæгæй-рæстæгмæ -фæзынд, амарыны хъомыс ын нæ уыд, æмæ зæрæдтæ дзурын байдыдтой, бардуаг у, зæгъгæ. Ахæм ныхас дæр уыд: йæ фенын — фыдбылыз, зианмæ цæуы. Мæ файнуст Бутиан дæр æй федта. Бутиан Салы- гæрдæнмæ куы алыгъд, уæд йæ фæстæ хæдзары ног цæрæг Бекъойты Лизæ дæр æй федта — иу хатт цæ- хæрадоны, иннæ хатт — уьщджы, дурдзæнды кæрон. Фæлæ æрцæфмæ нæ лæууы — æрбайсæфы... Нæ уазæгдоны «аубыдыл калмы хæрв баззад, авд сагъд михыл æххæссыд. Цымæ уый нæ уыдаид? Ныр ыл цымæ хæдзары ног хицæуттæ — Сосрантæ — никуы амбæлдысты? Куыд хъусут?.. (Агъниан дзуры. 28.111. 1977. Къуырисæр, боны 14 сахатыл; Ныффыста сæ Ц. А.) ФÆЛДЫСТ Черчестæ æмæ Мадзатæ туджджын уыдысты. Æмæ Мадзатæ Черчесты Микъолозы фондз-æхсæзаздзыд лæппуйы æрцахстой, уæлмæрдтæм æй акодтой, афтæмæй йæ цыртыл ныффæлдыстой сæ мардæн, уый фæстæ йын йæ хъус саджил лыг фæкодтой... Ахæм фыдмитæ дæр-иу цыди. 75
ГÆДЫ Газитæм Цъамады уыди нæл гæды. Гæды фынгмæ ювнæлдта æмæ йын хæдзары ’фсин йæ сæр ныкъкъупп кодта: гæды йæ гæндзæхтæ бацагъта æмæ уыйадыл фæ~ Ци. Нæ йæ хъуыд цæвын. Цæрæгойтæм — фосмæ, мæргътæм — æгъатыр уын хорз нæу. Уд кæмæн уа, уый хъыгдаргæ нæу. Æнæбары алцыдæр æрцæуы, фæ- лæ барæй фыд цæмæн кæныс, тæригъæды цæмæн цæуыс? ÆМЗОРАТЫ ÆМЗОР ÆМÆ АЗАУХАН Æмзораты Æмзор æмæ Азауханы таурæгъ дæрдтыл у. Ныртæккæ йэе мæ бон радзурын нал бауыдзæн: ба- фæлладтæн. Æыдæр хатмæ йæ уадзæм. Фæлæ дын уæддæр зæгъон: куы амардысты, уæд сæ баныгæдтой афтæ — Æмзоры Теркæн йæ фаллаг фарс, Азауханы та — ацы фарс. Сæ ингæнтæй талатæ сзад æмæ кæрæдзимæ доны сæрты батасыдысты æмæ афтæмæй бæндæнау кæрæ- дзиуыл сыздыхтысты. Кæд мæрдты исты ис, уæд ма æз дæр мæ сæрыхица- уыл кæд уым фембæлнн. Æгæр раджы нæ фæхицæн кодтой, æгæр раджы ацыд. МÆ ЦÆСТЫТЫЛ УАЙЫНЦ Мæ цæстыл уайынц нæ хохаг бынæттæ. , Урсдонæй схиз æмæ — Цъындыси, мах зæхх; ис дзы алы хъæддаг гага... Уырдыгæй Дагоммæ ссу æмæ — Цъæлхон... Уырдыгæй бацу Дымыкъамæ; .ныр хъæд у; уым-<иу кусæг фос хызт, алы дидинджытæ дзы, лулæйы хуызæт- тæ дæр. Бæлццон адæм-.иу дзы семæ рахастой искуы æдде æвдисынмæ... Махæн дзы — Дымыкъайы сæрмæ — ху- ым уыд... Иннæ зæхх — Хъугомы, хуынд «Иласы хуым». Уырымты Иласы, цъамадаг... Иласы мæхæдæг дæр хъуыды кæнын... Джими. Цъæззиу. Æнæбын цад. Цъæззиу — уыгæрдæнтæ, фосхизæнтæ. Фыдæлтæй ахæм <ныхас баззад: «Цъæззиумæ йæ куы акæнай, уæддæр нал снард уыдзæн». Уый дзырдтой исты цаудг æнæзæрдæдаргæ адæймаг кæнæ фосы къахцы тыххæй... 76
ЗИАНДЖЫНÆЙ - ХÆДЗАРÆН ДЗУЛ Хист кæнын зын уыди. Мæ фыдымад Уырымон, йæ ном — Уасиа, баурæдта иу æгъдау. Мæхæдæг æй æрæййæфтон: Дагомы нæм-иу (æнхъæлдæн, æртыккаг сабаты хисты заман) зиацджын хъуамæ æнæуи хистæй уæлдай скодтаид хæдзарæн дзул. Иæхæдæг-иу чи нæ ацыд уыцы дзул хæссынмæ, уый та-иу йæ сывæллоны арвыста, Æм,æ мæ фыдымад Уырымон Хъараты Газийы хисты раныхас кодта дæклады хуызæн афтæ: «Ацы хъуыддаг ныууадзæм — ацы дзулы конд! Мæгуыр зианджын адæй- маг ма хæдзарæн дзул цæмæн кæна?» Сразы сты Дагом, æмæ уæдæй фæстæмæ ныууагътой хæдзарæн дзулы конд. Уыцы заманы ма мæ фыдымад дзырдта — «Сывæллæт- ты хистмæ мауал хонæм!» — афтæ дæр. Мæ фыдымад бирæ фæцард, фондзыссæдз азы, дыууадæс азы та куырмæй фæудхар кодта. Ныгæд та Хъарманы уæллаг уæлмæрды у. Иæ ингæн бæрæг нал у, ничиуал æй зоны. Лæджы хуызæн ус уыди, æмæ адæмы зындзинадæн кæрон скодта. Æмæ уæдæ уый цавæр хуынд уыди, исты Елиайы куывдмæ цыдысты? Хистмæ цу æмæ ма сывæллæтты дæр демæ акæн! Уый тынг æдылыдзинад уыди — дзулы ’коцд дæр æмæ сывæллæтты хуыад дæр. ГУЫДЫН ÆРЦАХСÆГ — ХИСТГÆНÆГ Уый мæхæдæг нæ федтон. уый хъусгæ фæкодтон. Дагомы хъæугæрон иу уырдыг ис — Урсы сæр. Хуыдтой ма йæ Лемпи-къух — уыцы уырдыг. Арæх цыдтæн уымыты, уым нын хуым уыди махæн. Уырдыджы- иу галты разæй цæуын хъуыди, уром сæ, науæд-иу згъоргæ кодтой бынмæ. Уым-иу ласæнгæнджытæн æз хæринаг хастон. Хъуыстон адæмæй, нæ бинонтæй, мæ фыдымадæй (уый рæстæджы уыдис уыцы æгъдау), Лемпи-къухы сæ- рæй дам-иу зианджын стыр дзул рауагъта; бынæй лæгтæ 77
лæууыдысты, уыцы дзул-иу сæ чи æрцахста, уый кодта хист. Дзул-иу скодта зианджын, стыр гуыдын. Уыцы æгъдау мæн заманмæ не ’рхæццæ. Уæлæмхасæн: — Æмæ зианджын йæхæдæг нæ кодта хист? — Куыннæ кодтаид, уæдæ, дзул чи ’рцахса, уьшæ кастаид? Кæд, мыййаг, æнæхицау мæрдты тыххæй уагътой дзул Лемпи-къухæй? — Æнхъæл ,нæ дæн. Афтæ хъуамæ ма уыдаид. — Уæд та кæд, зианджынæн хист кæнын æнцондæр* уа, уый тыххæй уыдис уыцы æгъдау? — Уый нæ зонын. Афтæ нæ фехъуыстон. Цы фехъуы- стон, уый загътон. МÆРДТЫ ÆРЦЫДМÆ Марды ’гъдауæй ма ахæм уыди, мæн зонгæйæ: абои майрæмбон — лауызгæнæн, иннæ майрæмбон куы ’рцæуа, уæд — фæстаг лауызгæнæн; уæд/дам, фæсте чи баззад мæрдтæй, уыдон æрцæудзысты. Джыджына къахынмæ сты уыдон, зæгъгæ, дзырдтой нæ зæрæдтæ. Æмæ-иу мах Дагомы уынгтæ ныммарзтам, ауылты здæхдзысты, зæгъгæ. Дзаумæттæ дæр ничи æхсадта, дон ничи ра- калдтаид уынгмæ: сæ раз цъыф кæны. Хæринаг-иу рагацау скодтой хæдзæрттæ, ома — раджы æрцæудзысты. Уыцы /хсæв-иу хæдзары астæу* цæджындзыл уæлиау сауыгътам хызын хæринæгтимæ, цæджындзы рæбын та-иу фадхос æмæ цыргъ фæрæт иы- вæрдта хæдзары хистæр: мæрдтæ, дам, ардыгæй та сугмæ цæудзысты æмæ сын — фадхос се ’рчъитæн, хъæддзауы хардз, кусæнгарз. Уыдæттæ пæ цыдысты мæ фыдыфсымæр Муццæйы зæрдæмæ æмæ дзырдта: «Фæрæтæй кæрæдзийы куы ныцццæгъдой, уæд та?» Уыцы бонты хистæртæ нæ уагътой исты æртъупн кæнын, æрцæвын; мард сывæллæттæ дзæнæты бæласыл^ бадыиц æмæ куы æрхауой. 78
Лауызгæнæнтæ мартъийы вæййынц, комбæттæны? фæстæ. Мит-иу æнæ æруаргæ кæм уыд, æмæ уæд хистæр- тæ дзырдтой: «Гъе, гъе, мæрдтæ сæ фæд æмбæрзыйц: иыр». Ц. В. 22.1.72. МАРХО Муццæйы зæрдмæмæ нæ цыд мархо дарындæр. Аф- тæ-иу загъта: — Мархо, мæнæ мах кæй хæрæм — хъæдур, картоф* — уыдон сты. Мархо кæй хонæм — дзидза, цыхт, сойаг, • алы дзæбæхдзинад, — уыдон мархо не сты. Фæстæдæр ног хицауад мархойыл разы нал уыди; æмæ Муццæйы ныхас дæр уымæ цыди, — уый тыххаей. мæ зæрдыл лæууы. Ц. В. АРГЪÆУТТÆ МАДЫ КЪУХ МÆРДТÆЙ ДÆР ÆХХУЫС У Фыдыусмæ дыууæ чызджы уыд: иу — йæхи чызг, иннæ — йæ лæджы чызг. Иæхионмæ хорз зылди, уæддæр бонæй-бон фыдуынддæр кодта. Сидзæр чызгæн æвзæр уыди, фæлæ уый та уæддæр бонæй-бон хæрзуынддæр кæ- ны, рæсугъддæр кæны. Къулбадæг усмæ фæрсынмæ фæцыди фыдыус: афтæ- ’мæ афтæ. Къулбадæг ус ын радзырдта: — Дæ сидзæр чызгæн йæ мад куы марди, уæд йæ цонг ралыг кодта, йæ хъæбулæн æй радта. Уымæй йæ- цæсгом асæрфы æмæ уымæн хæрзхуыз æмæ цæрдхуыз вæййы. Фыдыус уæд æмбæхст цонг ссардта æмæ йæ доны баппæрста. Сидзæр кæугæ рацу-бацу кæны доны был. Донбеттыртæ йæ зыдтой, радтой йын йæ мады цонг, чызгыл сызгъæринтæ æрцауыгътой æмæ йæ рарвыстой. Фыдыус та йæ хæдзары цин кодта. Уæд дын куыд& ниугæ-рæйгæ афтæ зæгъы: — Сидзæр чызг — сызгъæрины тыхт! Сидзæр чькзг" — сызгъæрины тыхт! Ус æм рамæсты: — Æ, бирæгъы амæддаг фæуай! Афтæ хъæр кæн;. «Сидзæр чызг — хæрæджы бæркъуыйы тыхт!» 79
Уæддæр куыдз йæхион кæньг. Уалынмæ сидзæр чызг æрттывтытæ калгæ схæццæ ис. Ус ын сызгьæрин йе ’фцæгæй ратонй, фæлæ та сызгъæрины бынаты æндæр сызгъæрин февзæры. Уæд йæхи цонг ралыг кодта йæ чызгæн, йæ цæсгом ын дзы асæрфта, фæлæ уый нæ фæрæсугъддæр. Мæстæй хæлгæ, цонг доны бапцæрста, уый фæстæ йæм йæ чызджы фервыста. Донбеттыртæ радтой цонг чызгæн, -йæхиуыл та йын бæркъуытæ* баныхæстой. Ие ссыдмæ мад æнхъæлмæ кæсы: уæдæ сызгъæрин- тæ схæсдзæн. Куыдз та афтæ ниуы-рæйы: -— Мадджын-фыдджын хæрæджы бæркъуыты^ куыдзы бæркъуыты тыххæй ссæуы! Ус æм хъилимæ рагæпп ласта: — Афтæ ма ниу! Ниу афтæ: «Нæ чызг сызгъринттæй мырмыргæнгæ ссæуы!» Чызг дæр дын схæццæ æцæг бæркъуты тыхтæй. МаД дзы иу ратоньг æмæ та йæ бынаты эендæр февзæры. Æмæ ус мæстæй атъæпп и. ’ Ц.В. КАРД — ДÆ ТЪЫЛ, ДÆ ФИСТОН! Иу лæгмæ фæндыр уыд. Фæндыр ахæм уыд: ацагъ- тай дзы, уæд дæ разы фестдзæн, цæй кой дзы кæныс, уый — де ’фсин, дæ сыхаг, дæ гæды, суанг ма дæ мысты- тæ дæр. Цагъта лæг уыцы фæндырæй æмæ царди хъæлдзæгæй, амондджынæй. Уалынмаэ иу хъæумæ куы бафтид. Иæ фысьгм æй куыннæ сбуц кодтаид. Ныккалдта хæрд-минас фынгыл. ^Хъуыста фæндыры цæгъдтытæм, æмæ йæ тынг æрфæн- дыд , уымæ дæр ахæм фæндыр куы уаид. — Рауæй мын æй кæн, — зæгъы. — Цытæ дзурыс? Мæнмæ уымæй хæзнадæр куы ни- цы нс дунейыл. — Мæ хæдзар, мæ фос дæр дын ратдзынæн. — Нæй, мæ хур. Мæнæн мæ фæндыр мард ие ’гас -кæны, æндæр цы нæ кæны, ахæмæй ницы ис. Ницæуыл бафидыдтой. Фæссихор фысым сусæгæй сæ кæрчытæй иу æрбаргæвста, йæ туг ын гуцъайы ныккодта _æмæ йæ йæ усы дæллагхъуыр тæбынæй бабаста. Гъестæй .80
уазæджы цур усмæ фæлæбудта, маргæ дæ кæнын, зæгъгæ. Æрдæргъ æй ласта хæдзары астæу, кард ын йæ хурхыл «æрбавæрдта». Ус дæр марды ’фсон йæхн ауагъта. Туг кæлы. Уазæг скатай: — Уый цы бакодтай, мæнæн дæр мæ цард куы фе- лад!.. Рауай-бауай кæны, иу ран нал бады. — Куы йæ райгас кæнин, уæд цы уаид? — Уæд дын цыфæнды дæр нæ бавгъау кæнин... — Дæ фæндыр дæр? — °1 — Уæдæ йæ æз ныртæккæ райгас кæндзыиæн! — *æмæ æрдæлгом йæ усыл, кард ыл радау-бадау кæны, дзуры: «Кард — дæ тъыл, дæ фистон! Кард — дæ тъыл, ,дæ фистон!» Ус дын æцæгæй куы рабадид. Уазæг радта йæ фæндыр. Раздæхт сæхимæ. Иæ ус æй фæрсы: -7 Кæм и дæ фæндыр? — К’ардыл æй баивтон. — Мæ хæдзар куыд фехæлд! Ныр ма цы уыдзыстæм? — Дзургæ бирæ ма кæн, фæлæ ма афтæ æрхуысс, æз дын, мард куыд æгасгæнгæ у,уый фенын кæнон. Æрбырста йæ усы, кард ын йæ хурхыл æрбауагъта. Уый фæстæ кард радау-бадау кæны мардыл æмæ дзуры: «Кард — дæ тъыл, дæ фистон! Кард — дæ тъыл, дæ фистон!.. Гъеныр сыст!» Кæцæй ма дын сыстадаид хурхæргæвст адæймаг? Ц. В. ЙÆ ДЗУАППЫ- ЙÆ МÆЛÆТ Иу хæдзары лæгмæ ахæм миниуæг уыд: куы худа, уæд æй ма бафæрс, цæуыл худыс, зæгъгæ. Иæ дзуаппы йæ мæлæт уыди. Усыл æхсæв-бонмæ хуыссæг нæ хæцыд, тынг æй фæндыд лæджы диссаг базонын. Æмæ йæ бонæй-бонмæ тыхсын кодта. Фæцыд къулбадæг усмæ. Уый йын бацамыдта: — Иæ тылыл ын дæ арм сæвæр, афтæмæй йæ æр- тындæс хатты фазд-фæдыд бафæрс æмæ уæд срæдидзæн. Æрмæст дын дзуапп куы радта, уæд ын æнæ амæлгæ хос нæй. 6 Мах дуг № 4 81
— Кæдæм мæлы? Куы йæ зæгъа, уæд иумæ худцзы- стæм, æндæр дзы цы уыдзæн? Фæтындзыдта сæхимæ. Мæнæ та лæг ныррухс и, худы. — Цæуыл худыс? ...Хæдзары фос лæджы хъахъæнгæ кодтой. Гал йæ сынæр цæгъдын ныууагъта æмæ æнкъардæй* лæууы. Уасæг кауы сæрмæ стахт æмæ ныууасыд. Гал æм дзуры: — Ныр цæуыл уасыс, уæртæ нæ хицау мæлгæ куы, кæны, уæд? — Куыд мæлы? Гал хабæрттæ хуыздæр зыдта æмæ сæ радзырдта уасæгæн. — Мæнæн фондзыссæдз усы ис, æмæ сæ алкæмæ куы хъусон, уæд мыл хъуын куынал баззайдзæн, — загъта уасæг. — Зæгъ ын æмæ йæ æртыскæнæй ныцъ- цъæл-ныммур кæнæд. Гал мидæмæ бауасыд, лæгæн бамбарын кодта уасæ- джы фæнд. — ...Цæуыл худыс? Цæуыл худыс? — Дæлæ мæм æртыскæн æрбадæтт æмæ дын æй зæгъон. Ус æртыскæн радта æмæ куыддæр æртындæсæймаг хатт фæцæйфарста, афтæ йын дзы лæг йæ сæр [æрдаудта, гъестæй йæм растад æмæ йæ ахъаззаг ныцъцъæл-ныммур кодта. Уый фæстæ ног ус æрхаста æмæ ма абон дæр цæры. Худгæ та-иу цæуыл кодта, уый уын зæгъон? Зæгъон: зыдта алы цæрæг уды æвзаг дæр аёмæ-иу хъуыста — уасæг каркæн цы дзуры, уырс ефсæн цы зæгъы, фыр далысы куыд сайы, цæу сæгъы куыд куры, уæныг дыгæрдыгыл куыд узæлы... Иу цыбыр ныхасæй, нæлуд сылудæн къуырфбынæй цы фæдзуры, уыдон хъуыста лæг æмæ-иу дзы гæды ны- хас кæм уыд, уым-иу ныххудти. Ц. В. 31.У.76. 82
ХЪАРДЖЫТÆ УÆ, МÆ ДЫУУÆ ÆДЗАРД ХУРЫ... (АГЪНИАНЫ ХЪАРÆГ ЙÆ ЧЫЗДЖЫТЫЛ) Уæ, мæ дыууæ гыццыл æдзард хуры, Кæсгæ дæр нæма скодтат, афтæ мын иумæ цæмæн аныгуылдыстут? Уæ, цæмæй мын райстат Алардыйы зæрдæхудт, Цæмæн уæм фезнæт и? Сырххъулон Аларды уæ кæдæм адавта? Уæ, Ладиика, æртæ азы йеддæмæ дыл нæма цыди, Афтæмæй мын дондæттынхъом куы фæдæ!.. Дæ сау дзыкку-иу дын æлвынымæ æвгъау кодтон — Ныр сау сыджыты бын куы балæзæрди... Уæ, мæ Лубæ, дæуыл мын дæс мæйы дæр нæма сæххæст, Къахæй нæма ауадтæ, дзурын нæма зыдтай... Уæ, Ладинка, дæ номæвæрæг Хъараты Огка дыл йæ рустæ ныттыдта, Уæ, Лубæ, Хъараты Сæна дыл йæ уæрджытæ фæхойы, Уæ, мæ хо Раццæ та уыл йæ дадалитæ ныррæдывта... Мæнæ уын Дзбойты Хадзыгуа фæрдгуыты хал скодта, Мæпæ уын Фардзинон Гзæти дзæнæты цъиутæ хæрдгæйæ хуыйы... Мæнæ уын Дзугиан Госæгъа чысыл гуылтæ сфыхта,— Мэ-ну сыл фæхыл ут, уæ, мæ фæрстæ уыи фехæлой. Уæ, Ладинка, дæ уд исгæйæ дæр ма Дæ дзыккуты лент агуырдтай,— Ыыр дын дæ фыд мæиæ цас лентытæ æрбахаста!.. Уæ, Лубæ, мæ бон, Дæ уд исгæйæ, «гага-гага» кодтай,— Ныр дын мæнæ цас гагатæ æртыдтон!.. Ауайуг, ауайут, мæ бон ныккæла, Æиæ къухыл хæцæгæй, Ауайуг, ауайут, мæ зынг ахуысса. Ма-иу фæдзæгъæл ут! Уæ, Ладинка, Лубæ цæуынхъом нæу — дæ хъæбысмæ йæ сие. Афонмæ уæ размæ рацæуы нæхи Нана, Ауайут, ауайут, мæ уды къалиутæ, Афонмæ уæ размæ рацæуы нæхи Баба дæр... Загъд уæм куы кæной, ме ’дзард къонатæ: «Афтæ раджы цæмæн рафтыдыстут ардæм, 83
Нырма уæхи дæр куынæма ныхсадтат, Нырма уæ сæртæ дæр куынæма ныффастат, Нырма уæ хуыссæнтæ дæр куынæма систат, Нырма доныбылæй доны бедратæ дæр куынæма схастат, Нырма чиныджы кæсын дæр куынæма базыдтат, Нырма кърандасыл хæцын дæр куынæма арæхсут, Нырма уæ хæрдгæбыдтæ дæр куынæма скодтат, Нырма уæ фæндырæй дæр куынæма ацагътат...» Фæстæмæ уæ здахдзысты, — сымах нæ комдзыстут, Гъестæй уæ сæ хъæбысы ныттухдзысты... Уæ, мæ фæрстæ фехæлой, цы ма уын акæнон, Мæ бон куы ницы у, кæуын-дзыназын йеддæмæ... Ц. А. 26.УШ. 67. УÆ, УЫЦЫ САУ БОН (ХЪАРÆГ ЦÆРУКЪАТЫ ТЕМЫРБОЛАТЫЛ) Æз ацы хæдзары ног чындз уыдтæн... Абон дæр ма мæ цæстыл уайы, мæ цæстыл: Иæ сау чырыны йе ’рфгуытæ нылхынцъ-кодта, йæхи ныттар кодта,— Иæ мæрдон фæлысты афтæмæй хуыссыди. Разæй нæ — фæстæрдыгæй йæ фæсонтæ топдзæф, Иæ къухтæ — дæндагдзæфтæ, Иæ фырмæстæй — йæхи тынд... Иæ цæсгом ныттар и йæ сау чырынау, Арв дæр талынг уыд, талынг, Хур нæ касти. Ахæм барæг никуы уыд ацы Иры дзыхъы,— Арв дзы нæрын нæ уæндыди, Зæхх дзы æнкъуысын нæ уæндыди, Маргъ атæхын нæ уæндыди. Кæсæджы — йæ бирæ хæлæрттæ, Цæцæн æмæ Мæхъæлы бæстæйы дæр... Се ’взæгтæй дæр дзурын зыдта. Иу ын домбайы зæрдæ уыд, Иннæ — сывæллоны. Бадилаты æлхæд адæм ын Иæ сывæллоны зæрдæ фæсайдтой... Ууыл адæм куыд фесты!.. Ингæнмæ ауадзын æй сæ бон нал уыд... Уæдæ адæймаджы уд цытæ ныффæразы! Мæ бон йæ кой кæнын нал у!.. Ц. А. 26.УШ.67. 84
ДЗИБОККАЙЫ ХЪАРÆГ (АГЪНИАНЫ ХЪАРÆГ УСФСР-йы СГУЫХТ АРТИСТ ЦÆРУКЪАТЫ ТОТЫРБЕДЖЫ ФЫРТ АЛЫКСАНДРЫЛ) Уæ, сау бон дыл ныккодта, Саучызг, сау бон: Де ’ртæ сызгъæрин портийы дæлдзæхы хъоргъы Куы аирвæзтысты, уæд ма дын цы кæнæм!.. Æхсарджын Æхсарбег дын трактырыл фæцъист. Хъамбулджын Хъамболат танкæйы басыгъди, зæгъынц, Æппæтæй æххæст Дзибоккайы та дын Горæты машинæ ахауын кодта. Цы зæд сæ ралгъыста, цы дуаг сыл рахатти, Æви хорз лæджы мæлæтæн ахæм уаг ныббасти? Уæ, Дзибокка, цæмæн асайдтай дæ мæгуыр мады, ОВалцы дæн, зæгъгæ? — балцы куы нæ дæ... Уæ, де ’нæуарзгæ уд ахæм балцы фæцæуа. Горæты тиатыры дæумæ чи касти, Дæумæ чи хъуыста горæты астæу ыстыр ныхасы, Уый ныр цы уыдзæни æнæ дæу, Дзибокка! Æмырæхгæд у дæ бæзджын хъæлæс, Аркъауæлхъывд — дæ дзæнхъа дæндæгтæ, Афтæмæй дæр дын дæ ныхас хъусæм, Дæ радиойæ худын нæ хъустыл уайы... Уæ, мæ гыццыл тиу, афтэе куы загътай, Æз, дзм, дæ мæлын нæ бауадздзынæн, Уæд ныр мæ разæй кæдæм ацыдтæ? Уæ, Дзибокка, дыццæджы бон нæм æрцæуинаг уыдтæ, Дыццæджы бон дæм æнхъæлмæ кастыстæм, Æнафонмæ дæм æдцæмæ нæ хъус куы дардтам, Ды нæм нæ фæзындтæ, уæ уаих фæуай! — Æндæр кæдæмдæр дæ дæ фыдбылыз асайдта. Адзалы фæндагыл, дам, мыд ныччынди... Ныр æнæ дæу мæ мæлæн бон къахыр уыдзæни, Сау сыджыт мыл куы нал бакалдзынæ, Æмбис фæуыдзæм мæ мæрддзыгой дæр. Мæ цыппар лæппуйы дæ чьцрыны цыплар тигъмæ Дурлæудæй куы лæууынц, æрхуым куыд куы кæнынц. Цæуылнæ сæ акæныс Чермены фæдисы? Хæсанæйы фæдисы сæ цæуылнæ акæныс? Адоны мыггаг, цы гуырды ныгæнут! Инджынты мæсыгæн йæ бындур базмæлыд, 85
Иæ гаччы ма йæ чи сбадын кæндзæн? Адоны мыггаг — кадавар мыггаг, Сæ цæджындзтæй та иу рафæлдæхти. Уæ, судзгæ фæбадат, сæ чындзытæ,— Рæхджы сын ахæм гуырд куы нæ ныййарат. Цæргæстæ тæхдзысты, Уаддымгæ сурдзысгы,— Уыдоны æвзыгъддæр семæ нал уыдзæн. Бæлæттæ тæхдзысты, Хор-нæмыг уидздзысты,— Дæллагхъуыры даринаг семæ нал уыдзæн. Æрсдæттæ кæлдзысты, Сæгуытты ласдзысты,— Уыдонæй Дзаццийæн æрцахсæг нал уыдзæн. Хъарманы фæсивæд Тиатыр æвдисдзысты,— Уыдонимæ дæр Дзибокка нал уыдзæн... • Дæ худæн цæстытæ, Дæ саумил уадултæ, Дæ мылаз æрфгуытæ — Сау сыджытæн хæринаг баисты, дæдæдæй, мæ бон! Æз мæхиуыл куы кæуын: дæу фаг цæссыгтæ кæмæ разындзæн. Æз мæхиуыл куы кæуын, Дзибокка-ныгæнæг кэемæн нал уыдзæн... Мæ тынгдæр куыд та дæуыл у, Саучызг,-— Иæ фæстаг хъæбулæй мын чи бавдæлон и, Иæ уазал къонайы сау чцфæбаддзæни... - Ехæ, ехæ, мæ зæрддаг!.. Ц.В. ЗАРДЖЫТÆ (Ныффыста сæ Ц. В.) ДЖЫЗÆЛЫ СÆРМÆ ХЪАХЪÆДУР Джызæлы сæрмæ — Хъахъæдур; Мæхъæлон къæпи мын балхæнут, Хæрдгæйы куыстæй мæ хъахъæнут! Хохы цъуппыл — сычъийы дзуг; . Галтæ мын уæрдоны сифтындзут — Хъæдтæ калын мæ бар уадзут... 86
Джызæлы сæрмæ — Хъахъæдур, Бæхыл мын саргъ авæруг, Цуаны цæуын, гъа-мардзæ! Сау къæдзæхмæ ауайон, Кæрдгæ дуртæ æрдавон Æмæ мæсыг самайон!.. 20.11.72. АГЪНАТЫ СÆНÆХЪЫЗЫ ЗАРÆГ <СКЪУЫДДЗÆГТÆЙ) — Нал фæразын фатеры бадын... Ма байрайат уæ сикъо галæй, Ма байрайат уæ сохъыр хъугæй! Нал фæразын фатеры бадын! Дæлдзæх фæуай, цард, дæ замаитимæ! Дæлæ машинæ, кæдæм сæ ласыс Сау хъадамантимæ! Машинæйы будкæ зæгæлтыл лæууы — Мæнæн Микъолоз мæ зæрдыл лæууы. Ма байрайай дæ нымæтхудæй, Нал фæразын фатеры бадын! Микъолоз дæр æм дардæй куы дзуры: — Гандзайы къупец мæгуырæй тæрсы — Мæ уынгæг ныхас Сыбырæй хъуысы: Денджызы хъазау — дæ урс дæллагхъуыр, Дæ хъусдзæджы конд — рухс мæйы къахыр, Хуссары калмау —■ дæ сау æрфгуытæ, Стъалыты халау — хæзна фæрдгуытæ, Бикъо-хъæдурау — дæ сау цæстытæ... Æнæ дæу фенгæйæ, кæдмæ цæрдзынæн? Дæуæн, Сæнæхъыз, уæлингæн къахын, Сыбыры къуымты мæ игæр хафын... Дæуæн дæ цæссыг дæ риутыл кæлы, Мæнæн мæ цæссыг ам митыл сæлы... Ой, рæстæг уæдæ цæй сабыр цæуы! Ме ’фсымæр Бæтæ мæ фарсмæ кæуы. Дæумæ Сыбырæй мæ зынтæ дзурын, Мæ каис Увæдзæй хатыртæ курын... Быны сæфт фæуай, фыдбылызы стъаршин!.. 87
— Уæ, Гаги, Гаги, кæй ракурон! —. Пагæты Дзаба, уæ, быллы Дзаба Афтæ куы зæгъы: — Наниты Софи — л... агъдыфарс,— Ныр ма дын, Гаги, кæй ракурон? Бедзæйы прошка — драгуны бæх,—- Ныр ма дын, Гаги, кæй ракурон? Хъараты Сæна —■ адæджы дæргъæн,— Ныр ма дын, Гаги, кæй ракурон? Уæртæ Бурдзиуты Кесæмæ куы бацæуин... Ныр ма дын, Гаги, кæй ракурон? Рæсугъд Гасги тæбын æруагъта,— Ныр ма дын, Гаги, кæй ракурон? Пагæты Дзаба Бурдзиуты дуармæ йæ был æруагъта,— Гъер ма дын, Гаги, кæй ракурон? Уæ, быллы Дзаба ус ракуырдта! — Бурдзиуты Кесæйы, мæнæ диссæгтæ! 21.ХН.71. УАЙДЗÆФТЫ ЗАРÆГ Уари нæм куы ’рдыди, Уаринаг уæд фестæм, гъей! Цопан нæм куы ’рцыди, Цоппайаг уæд фестæм, гъей! Хъази нæм куы ’рцыди, Хъазиыаг уæд фестæм, гъей! Заре нæм куы ’рцыди, Заринаг уæд фестæм, гъей! Сури нæм куы ’рцыди, Суринаг уæд фестæм, гъей! Хузи нæм куы ’рцыди, Худинаг уæд фестæм, гъей! Сафе нæм куы ’рцыди, Сафинаг кæд фестæм, гъей! 20.11.72. 88
АГЪНИАН ЙÆХИ ЗÆНÆГÆН СÆ НОМЫЛ ХЪАЗГÆМХАСÆН ЦЫ ЗАРЫД АЛЫГКА-БЫЛЫГКА Алыгка — Былыгка, Кау бийын нæ зыдта, Пе ’нарæхстыл фæкуыдта, Иæ къухы фыдтæ ныххырхта... Дзедзыры фырт ын æй ысбыдта. 16.ХН.75.. БАРИС-ДЫРИС Барис — Дырис, Иу бæх æм уыдис, Хъæдмæ йыл цыдис — Фæкодта йæ æмбис... Фæдис! — Дазды йын фæцис! 16.ХИ.75- ДЗЕРАССÆ — Нæртон чызгæн —>. нæртон ном: Дуне дзыллæ æрхонæм! — Дæ хал ысхауд, Хæчъассæ! Цы ном дам ис? — Дзерассæ! — Ацы номджын — фæзминаг: Гыгы кæндзæн йæ мийаг — Кæрдиыаг уа, хуыинаг; Уый йæ мадмæ хъусдзæн: Ног мæйæ йын — хъусдзæг. 27.ХН.75- БАЛОККÆ-ЛОККÆ Балоккæ — Локкæ, Дæхи фæрог кæ: Дæ дарæе феппар, 89
Доны ныггæпп кæ,— Уым и кæсæгтæ,— Æрцахс мын тъепа! 21.ХН.75. МА КУ! Ма ку! Ма ку! Ма ку! .Бухарæй дын — Бухайраг, Мæскуыйæ дын — Мæскуы рон, .Харбииæй дын — .Хæрдгæбыд. Кæсæгæй дын — ГКæсгон бæх... Рæсугъд чызг та — Нæ сыхы! Ма ку! Ма ку! Ма ку! 16.ХН.75. ÆМДЗÆВГÆТÆ (Ц. А. фыст) УÆ, МÆ НЫЙЙАРДЖЫТÆ Ш.æ фыд — Увæдз Агънаты, Мæ мад — Хадзыгуа Джерапты — .Рухс цæсгом, рухс зæрдæ,— Рухсаг ут! _Ацы хур уемæ — мæрдты, Ацы арв уемæ — мæрдты, Ацы хоры гага — уæ разы... Ацы сыгъдæг доны къус... ,Æз — уæ астæуккаг цъæх чызг, Уæ фæстæ абон дæр кæугæ кæнын: Сымах йеддæхмæ Сæрылхæцæг нæ зыдтон, Сымах йеддæмæ Рæвдауæг нæ зьгДтон... „Адæм нæ — зæдтæ уыдыстут, 90
Ам æрбадтыстут, фæстæмæ атахтыстут! Уæ ингæнтæ мын — кувæндонау; Мæ фæстæ сæм чи цæудзæни? Чи ма сæ ссардзæн? Иу хорзæх хъуыд хуыцауæй: Раджы, раджы фæлтау Уæ фарсмæ ныгæд куы ’рцыдаин,— Ме ’взаринæгтæ нæ бавзæрстаин! Мæ фыд — Увæдз, Мæ мад — Хадзыгуа, Мæ фæрстæ уын фехæлой, Мæ бон нал у,— Мæ дзых ныхгæнон! НЫББАР, МАХÆЙ ЧИ ФЕСÆФТ Дæ даринæгтæ — фынæй. Мæйдар æхсæв дæ кæдæмдæр акодтой: Дæ къæхтæ ныхсадтай, Дæ цъындатæ скодтай, Дæ сабитæм ма радгай ныккастæ. Ацыдтæ сыгъдæгæй Ацу ’мæ ма ’рцуйы фæндагыл. Дæ дарииæгтæ — фынæй, Нæ зонынц — цы фæдæ... Дзырдтон «æрцæудзынæ», бæргæ. Баззадтæ уазал Сыбыры. Æз хуыссæны æрсадтæн; Мæ хо Раццæ нын Иæ роны кæрдзын хаста, Цæбиты Мæхæмæт — картоф, Нæхи Иван — нартхоры тæскъ, Сонихан — бызгъуыртæ. Æз абэн дæр сæйын, мæ дзыкку сурс и... Ацыдтæ сыгъдæгæй — Дæ нэм æрыздæхти сыгъдæгæй, Дæхæдæг — нал. Дæ басылыхъ ма æвæрд у, Мæ нывæрзæны йæ дарын. Дæ уд мæрдты сыгъдæг удтимæ баиу. Зæд уыдтæ — атахтæ. Ныббар, чи фесæфт! Дæ ном дзурын мын нæ фæтчы. Хуыссæны сæйын. 91
О стыр Хуыцау, цы «ыл æрцыд, — Ды йæ уæд та зæгъ! Табу дын уа! НÆ МÆРДТÆ (МÆРДТЫ КУАДЗÆНЫ БОН) Нæ зæронд мæрдтæ Мæ зæрдыл лæууынц, Нæ ног мæрдты дæр Мæ фыны федтон. Нæ зæронд мæрдтæн — Хицæнæй рухсаг. Нæ ног мæрдтæн дæр — Хицæнæй рухсаг! Ацы азы Фыццаг хорæй сын, Нæ сæууон донæй — Ныххæлар кæнон: Мæ фыд Увæдзæн, Мæ мад Хадзыгуа, Нæ зæронд лæгæн, Ме ’фсинæн дæр — Мæ уды къоппа Дæнгæл кæмæй уыд... Сæ нæмттæ мын Дзурæн куынæ ис. Мæ цыппар æфсымæрæн, Мæ фондз хойæн, Мæ дыууæ чызгæн — Мæ чысыл Лубæ, Мæ Ладинка. Æмæ сæ фыдæн — Рæстæй чи фесæфт, Сыбыры мит Мæрддзаг кæмæн уыд... Мæн дæр-иу уæдæ Ма ферох кæнæнт Мæ цоты фæстæ Мæ цоты цот дæр. Нæ зæронд мæрдтæ Мæ зæрдыл лæууынц, Нæ ног мæрдты дæр Мæ фыны федтон. 92
МÆ СÆРЫХИЦАУ Ацы цардыл удуæлдайæ Хотыхкъухæй фæтох кодтай. Æз дын фæидаг рæвдз кодтон. ЗСъазахъ-иу дæ агуырдтой. Æз дæр æд авдæны сывæллон Сау хъæдмæ лыгъд уыдтæн,— Мит куы уарыд тъыфылæй... Уый адæм хорз зонынц, Фæлæ йæ кой ничи кæны. Ацы цард ралæууыд — Хъæусаветы • фæкуыстай, Адæмæн зæхх байуæрстай; Стыр фæндаг — Хъарманæи; Скъола дæр сарæзтай, Демæ — Саулох Дзбойты. Уый адæм хорз зонынц, Фæлæ йæ кой ничи кæны. Хъæды æмбæхст кулæктæ Дæ марыныл зылдысты; Æз æхсæв ныккæндты Мæ сабитимæ ныгъуылдтæн... Уый адæм хорз зонынц, Фæлæ йæ кой ничи кæны. Дæу иу æхсæв дæ къуымæй Дæ фынæй сабиты цурæй акодтой... Рæстæй кæмдæр фесæфтæ,— Дæ ном дын схуыдтон «Чи фесæфт»,— Уый адæм хорз зонынц, Фæлæ йæ кой ничи кæны... Дæ фарн дæ цотæн баззади, Æндæр мулк дæм нæ разынд, Фыдгулты фæндиаг нæ фесты, Рæстыл сæхи хъарынц... Уый адæм хорз зонынц, Фæлæ йæ кой иæ кæнынц. КЕЗА ’Кезайы сæрвæтмæ арвыстой Хосдзаутæм, дам, чъиритимæ... Хосдзаутæ загътой хосгæрсты: 93
— Ам чъириты цыхт цы фæци? — Чъирийы был — къæцæлæй хуынкъ, Кеза йын йæ цыхт рацъырдта... Кеза, дам, чызгæй ахæм уыд! Кеза зæппадзы бамбæхсти, Барæг йæ рæзты фæцæйцыд, Кеза йæм йæ сæр радардта,— Лæг дæр фæсонт и, сæрра и... Кеза, дам, чызгæй ахæм уыд!.. ÆМДЗÆВГÆТÆ СЫВÆЛЛÆТТÆИ МÆ ХУЫЛЫДЗТÆ-ДÆУ Авд боны ма — Куадзæнмæ! Донгуыронмæ Уайдзынæн. Авд хатты Найдзынæн! Къоти-хæлмаг мыл Нæ хæцдзæн! Урс хæдон — Мæ уæлæ. Ног дзабыртæ — Мæ къæхтыл! Дон ихау у, Уазал у. Мæ къабæзтæн — Сæ гæртт-гæртт, Мæ дæндæгтæн — Сæ гæрцц-гæрцц. Халон, ратæх Ауылты! Мæ дзаумæттæ мын Рахæсс! Дæ суртæ — мæн. Мæ хуылыдзтæ — Дæу! ЦЪИУ ÆМÆ ÆХСÆЛЫ Цъиу æхсæлыйыл Абадти. 94
Æхсæлыйы сындз йæ къахы фæныхсти. — Æхсæлы, æхсæлы! Зæгъ-ма, мын, цæмæн Рæхойыс мæ къах? — Цæфхад дын садзын. Уæд цъиу æхсæлыйыл Æрлыдта. — Цъиу, цъиу! Цæмæн мыл Æрлыдтай? — Æхсæлы, æхсæлы! Цæфхад садзыс, Æмæ дын сихор дæттын! ÆХСÆВ ФЫНÆЙЫ РАЗМÆ О стыр Хуыцау, О Бынатыхицау, Батæригъæд кæнут! Ацы сывæллæттæ — Уе уаэæг! Фыдæхсæв мауал скæнæд... Мæ бон ницы у... О стыр Хуыцау, О Бынатыхицау, Райсом ныл дзæбæхæй сбон уæд! Табу уын уæд!
ЛЕОНТИИ СТЕДЕР БОНЫЧИНЫГ* ÆÆЗДÆДЖЫ ФИДАРÆЙ МИДКАВКАЗМÆ БАЛЦÆН, 1781. ÆРÆФЫДОН Æрæфы равзæрæн ис бæрзонд гаитхæхты, Имерет-Рацъы комком- ляæ ’рбайсы йæхимæ бирæ хохаг дæттæ. Хæхты цæуы тыхджын. Иæ .донуат арф æмæ уынгæг, къæдзæхты ’хсæн. Хæхтæй кæм рацæуы, уым тархъæд йæ былтыл. Быдыры арыхъхъыты сæрмæ, стæй сехсæн, уымæн ис арф æмæ къардиубылтæ. Хъарадзаутыхъæумæ ’ввахс та дзы ис хорз донуайæн. Цæуы уæрæх. Зилы цæгат æмæ цæгат-хурыскæ- сæнырдæм Тæтæртуппыхæхты фæрсты. Чысыл Кæсæджы лæгъзы иуцалдæр чысыл хъæдыл ацæуы. Стæй Дзылатæй уæлдæр Теркыл бафты, йæ галиу фарс. Стыр къæвдатæ ’рцыд зæгъгæ, уæд та уый быдыртыл акæлы ’мæ Бестомакмæ фæндаг нал вæййы. Хъарадзау- тыхъæу ыстыр хъæу у. Хъуыбаттыхъæуæй йæм уыдзæн æртæмæссæдз версты — Æрæфы бæрзонд къардиубылтæй Хæзнндоны хсæн. Хъæуы- бын хуссар —• хурныгуылæны Хæзнидон Æрæфыл бафты. Хъæу фи- дар æмæ хорз ран ис. Хъæдæйконд агъуыстытæ дзы, цæхæрадæттæ ’мæ хуымгæнд, уæлдайдæр та йæ хорз хизæнтæ. Иæ тамако йын хор- зæй зонынц адæм. Тæтæртуппыхæхтæ хъæуы фæстæты суанг Кавказы стыр хæхтæм ысфардæг ысты. Ацы ранмæ уæдæ ’рбафтынц Сиуынцы хæхты рæгътæ ’мæ Сиуынцыдонæй Æрæфыдоны астæу йæхи айтындзы Ирыстоны стыр фæз — хæрзрæсугъд æмæ хæрзхъæздыг бæстæ. Цæуы йыл аст ыстыр доны, стæй бирæ ’ндæр чысыл дæттæ ’мæ хъæутæ скæ- нынæн иттæг хорз уаид. Фæлæ нырмæ æдзæрæг у. Уымæн æмæ дзы Кæсæг æмæ хæххок дзыллæ нæ уæндынц хъæутæ саразын сæ кæ- рæдзийæ. Хъарадзаутыхъæуæй аст версты дæлдæр цæгатырдæм Æрæф Тæ- тæртуппырæгъты цы нарæг сарæзта, уыцы ран йæ галиу бæрзонд былыл ис дыууæ хъæуы — Ватчило (Василлово)** мæ тумæйыхъæу. Дыууæ дæр Бадилаты номылустыты зæнæджы хъæутæ. Кæсæджы хъæутæй сæ иуæн, Угъалыхъатыхъæуæн, й’арæнтæ уыцы нарæджы * Кæрон. Райдайæн «МД» ацы азы 1-аг — 3-аг номырты. ** Кæд: уациллайы. — Тæлмацгæнæджы фиппаинаг. 96
сты цæгатварс. Уый аххосæй бирæ загъд цæуы Чысыл Кæсæгимæ. Аст версты хурныгуылæнырдæм та Лескен хæхты дымæгмæ, . Ирыстонæн йæ кæройнаг хъæу Хъобац**. Уый æмæ Хъарадзаутыхъæуы ’хсæн ис, Тæтæртуппæй размæ цы рагъ рацыд, уый. Иæ сæрты ныллæг хъæды астæуты — дзæбæх фæндаг. Хохрæбыяхъæутæ сеппæт дæр ысты Ми- дæгдыгурæй ногæрлидзжытæ. Куыд бирæ кодтой, афтæ лыгъдысты ’мæ цын цæгатыбыдыртæй æндæр никæдæм уал уыди лидзæн. Хусса- ры цыи сæ комкоммæ Турк лидзæг имеретæгты суаиг Кавказы митхæх- тæм æрбатардтой. Хурныгуылæны с’арæнтæ иукæнынц тæтæйраг адæ- мы арæнтимæ, Басиат (кæнæ арæхдæр Малхъал) кæй хонынц. Хуры- скæсæны бафсæрстой Урсдонмæ ’мæ цын дарддæр нал и цæуыны фа- дат, уымæн æмæ Уæлладжыры комы бирæ адæм цæры. Бадилатæ сæ- хи сбастой Кæсæгимæ. Уый тыххæй цын бар уыд хохыдымджыгæ ба- цахсынæн. Адæм дзæвгар фæсабырдæр ысты ’мæ Бадилаты бартимæ дæр æрфидыдтой æмæ сæ хицауады нывтæ сты аристократаг (уæздан- дзинады) нывтыл арæзт. Фæлæ та ныр мæ руаджы фæстæмæ демо- кратаг (адæмон) уагмæ раздæхтысты. Бадилатæ кæд æмæ сæхи ’лдæрттæ нæ хуыдтой, уæддæр агурынц уыдон хуызæн бартæ. Адæмы хистæртæм та кæсынц, æлдар уæздан- мæ цы цæстæй кæсы, ахæм цæстæй. Тумæтæн сæ фылдæр Бадилаты номылустыты зæнæг ысты. Адон се ’фсæддон адæм ысты. Бахъуаджы- сахат æд гæрзтæ ’рбалæууынц. Тыхист кæнынц ивар. Æмæ цы байсынц, уымæй цын ис хай. Кæсæгимæ куы бахæстæг ысты, пысылмон дин та уæд райстой Бадилатæ. Сæ мыггаг бацадаид иу дæсæмæавдыссæдзмæ ’ввахс. Сæ фылдæр цæсты н’ахадынц. Стæй цæм мулкæй дæр ницы уыйас бирæ ис, кæнæ та бынтондæр æнæмулк ысты. Чызг курыиц сæ кæрæдзийæ, кæнæ Кæсæгæн сæ кадджындæр мыггæгтæй. Фыдæлтæй хъусгæ куыд æрцыдысты, афтæмæй Дыгуры хистæртæ (сæрмæадæм) æмæ Бадилатæ равзæрдысты иу уидагæй æмæ сты Ма- дзарæй æрцæуæг. Чырыстон динмæ’мхиц ысты. Æвзæр цæстæй йæм нæ кæсынц. Сæ иу хай аргъаугæ дæр ыскодта, уæлдайдæр та быдыры арæнтæм æввахс хъæутæ. Фæлæ цæм чырыстон динæй аргъуыд æмæ номæй уæлдай бирæ нæй. Цы сты, уымæй Бадилатæм, стæй сæ фар- сласæг кæсæгмæ знаджыцæстæй кæй кæсынц, уый тыххæй цын уæигæл фестад пысылмон дин дæр. С’аргъуыдæй кæнынц политикæ — сæ нæмттæ фыст куы ’рцæуой, уæд кæдæмæ Уырыс сæ сæрыл хæциккой. Куыд æмбарын, афтæмæй æппæт адæм дæр хистæртимæ ’мвæнд ысты, цæмæй сæ бартыл æнцондæрæй быцæукæнын фæразой. Уыдон фæнды, чырыстон куыд хуиной. Чырыстон æгъдæуттæй иучысылтæ ’мбарынц. Стыр мархо дæр. Нымдкæнынц Уастырджийæн, Иелиайæн. Æрмæст цæ мæнгуырнынтимæ сæмхæддзæкодтой. Иу ахæм мæнгуырныны ныв * Кæд: Хъабантыхъæу, — Тæлмацгæнæджы фиппаинаг. 7 Шх дуг № 4 07
æз федтон, Хъуыбаттыхъæумæ куы ’рбаздæхтæн; уæд. Иу фыдбон — уаргæ-уарын арвырттивын, арвыиæрын хохдымджыты арæх вæййы, уыимæ тæссаг — быдырæй кусæгустытæ хъæумæ фæцæйцыдысты. Лыгъдысты къæвдайæ ’мæ дзы, дæсæмæдыууиссæдз къахдзæфы бæрц мæ мусонгæй, арв иу чызгусы ’рцавта. Арвыгæрахмæ иннæ устыгæ цингæнгæ хъæркæнын систой, зарыдысты, кафыдысты æрвдзавды алы- фарс. Стæй быдыры кусджытæ ’мæ хъæуыцæрæг адæм тымбылсимд кодтой, къæвда дæр æмæ арвынæрыи дæр ницæмæ дардтой, афтæмæй. Сæ иувазыг æмæ уыцымхуызон зарæг уыди афтæ: «Уæ, Иелиа! Йелиа — æлдары цоппай». Цы дзырдтæ уыдысты, уый мын цæ ничи бамбарынкодта, сæхæдæг дæр æй нæ зыдтой, кæцæй цæм æрбафты- дысты , уыцы ныхæстæ, уый. Симгæ-симын-иу куы размæ ацыдысты, куы фæстæмæ ’мæ зардамонæг иугæндзон уыцы ныхæстæ дзырдта. Стæй та цæ ногæй дзырдтой иннæтæ дæр иумæ. Арвдзавды ног дарæ- сты сарæзтой, мард кæм фæци, уыцы ран. Стæй йæ уыцы уагæй æрывæрдтой иу гобаиыл æмæ уыцы æнæрынцайгæ сæ симд суанг æх- сæвмæ нæ ныууагътой. йæ ныййарджытæ, йæ хотæ, стæй йæ мой дæр кафыдысты, зарыдысты ’мæ сæхи афтæ хъæлдзæг дардтой, цыма куыв- ды бадтысты иу бæрæг рæстæг, уыйау. Уый та уымæн, æмæ æнкъардæн- гæс тæригъæд у. Уый Иелиамæ хорз нæ фæкæсдзæн, стæй фыдбылыз- мæ дæр асайдзæн. Аст боны адаргъ бæрæгбон. Хистæрæн дзы уыди иу хохаг дæсны Генсек, кавказаг йескулап. Иæ дæсныйад ын бацамыдтой зæронд устытæ. Стæй хостæ кæй кодта кæрдæджытæй, уый тыххæй алыран дæр йæ кой айхъуыст. Мæнæй йыл лæвар куы сæмбæлд, уæд мын иу ног хъуыддаг раргомкодта. Кæддæр уый, арв кæй æрцавта, ахæм лæппулæджы тыххæй баласынкодта, æрвдзавд ус кæм уыди, уырдæм. Уырны цæ, арв кæй æрцæва ’мæ æгас чи баззайа, уыдонæй алчидæр ысвæййы Иелиайы фæдон, йæ минæвар. Суанг ма стур дæр арвæй хъыгдард æрцы^ зæгъгæ, уæд уый дæр сæрибар ысвæййы. Лæппулæг куыддæр æрвдзавдмæ баввахс, афтæ йын. æмба^æн куыд æмбæлы, ахæм салам радта, хуыдта йæ амондджЫндæр йæхицæй. Стыд- та йæ, зарыд æмæ кафыд й’алыварс. Иæхи алыхуызон раздухбаздух-æмæ къæлæсытæкодта. Стæй æрвдзавды гобаныл дæлгоммæ ’рхауд. Иæ цæстытæ бацъындкодта ’мæ, цалынмæ бафæллад, уæдмæ йæхи раздух- баздухкодта. Цыппар домбай лæджы та йæ уыромгæ кодтой тыххæй- фыдæй. Адæм сæ зард кодтой дарддæр, иугæр-иу, æвæдза, йæ къæдзтæ- мæдзтæ фæсабыр ысты, уæд. Фæлæ та-иу фæтынгдæр ысты зæгъгæ, афтæ та-иу алчи дæр уыцы зындзинæдтæвзарæгмæ стыр кад æмæ стыр нымдимæ касти. Иæ цæстытæ бацъындкодта ’мæ афтæмæй дзырдта. Дзырдта алцыдæр иттæг рæвдз, Иелиамæ цы уыдта, уыдон. Стæй ны- мадта æрвдзæвдты нæм,ттæ, ныр Иелиайы раз чи ис, уыдон нæмттæ. Æнæхъæн сахаты фæстæ, къæлæсытæгæнгæ, фехъусынкодта йæ фæс- таг цин — Иелиайы фæндон марды сæраппонд. Фæндонæн йæ тæккæ ахсджиагдæр уыд, цæмæй аст боны бæрæгбон арæзт æрцыдаид мар- 98
дæн йæ уæлхъус. Стæй алчи дæр йæ куыстытæ ’мæ йæ хъуыддæгтæ куыд ныууадза уыцы рæстæг. Æмбæлы лæвæрттæ ракæнын, æрв- дзавды йæ чырыны бавæрын. Стæй аст боны иу хасбахъгоиды уæлæ æвæрд куыд æрцæуа. Æстæм бон æй хъуамæ иу ногконд уæрдоиы ба- вæрой æмæ йæ дыууæ урсхъулон галыл аласой. Галтæ уыдысты афтæ амынд æмæ цæ иу чъындылæг куыд радтаид, стæй æргæвст дæр куыд æрцыдаиккой. Ацы ми йын бакæныикодта дæсны, чъындылæгмæ кæй базылд æмæ йын кæй ницы бафыста, уый фыдæнæн. Фæсивæд æмæ æрздзавды ’рвадæлтæ заргæ зылдысты хæстæгхъæутыл æмæ ’мбырд- кодтой лæвæрттæ фосæй дæр æмæ хæринагæй дæр. Лæвæрттæ ны- сангонд уыдысты æрздзаздæн, куыздæн, хæстæджытæн. Дзæвгар хай дзы фæци дæсны ’мæ лæппуйы дæр — фидæндзурæджы. Дæсны мын, лæвар ын кæй бакодтон, уый руаджы загъта нæ хиндзинад — лæппу- лæгæн йæ цæнгтæ уымæн ысбаста, æмæ цæмæй сæ туджызылд хъыгдард æрцыдаид. Уæд ын йæхи æяæ къæдзтæмæдзтæгæнгæ дæр ма цы амал уыди! Кæд æнтæф рæстæг ыскодта, уæддæр марды чырыны цур æстæм бон дæр ма æз ницы ’взæр тæф бамбæрстон. Ирæттæ уый хуыдтой диссаг. Чырын æхгæд уыди ’мæ дæсныйы хиндзинад ничи ба- зыдта. Чырын фæстагмæ галуæрдоны бавæрдтой æмæ галты сæхибар ауагътой. Цы ран хъуамæ ’рлæууыдаиккой, уым æй хъуамæ баны- гæдтаиккой æрвдзавды. Галтæм, æвæдздзæгæн, хорз фæкаст, кæрдæг хæстæгдæр кæм зади, уым æрлæууын. Уайтагъд фезмæлыдысты адæм. Дæргъæдздзон, цыппæрдигъон амаддзаг дзы ацарæзтой дурæй. Иу æрмæрины бæрзæндæн куы фæци, уæд ыл чырын бавæрдтой. Стæй йын дурæй й’алыварс тымбыл астæрын байдыдтой. Йæ бæрзæнд иваз- ныбæрц уыди. Иæ фарсмæ йын хъил ныссагътой. Хъилыл) — сæгъы царм æд сæр. Æрцауыгътой йыл дарийы гæппæл,тæ. Иу лæдзæгыл та— марды дарæстæ. Стæй, цы лæвæрттæ ’рымбырд кодтой, уыдон ингæ- ны раз иумæ бахордтой. Æрвдзавдæн цы стур ыснысанкодтой, уый быдырмæ асырдтой æмæ уыцы ран, йæ бар йæхи, ничи йæ хъыгдары, афтæмæй цæры. Уыцы стурыл ис бæрæггæнæн баст^ æмæ, æвæдза, рæгъаумæ иæхи баввæхскодта, афтæ йæ фæстæмæ расурынц. Дыгуры загъд нал æмæ нал æнцад. Хистæрмæ ’мæ адæм арæхæй- арæхдæр хъаст кодтой Бадилатыл. Хъарадзаутыхъæуы ’мбырды цын сæ тыхмитæм æркастысты Бадилатæн, æмæ цын æз дыггаг хатт загъ- тон, сæ хъаугъа, сæ тыхмитæ куыд ныууадзой. Мидхæхты Дыгуры дæр æмбырд сарæзтой. Зæрдæ бавæрдтой, кæй фæзыидзысты, тыхми- тæ кæй нал кæндзысты. Иннæтимæ хорз кæй цæрдзысты. Афтæмæй та сæхæдæг хæстмæ цæттæкодтой сæхи. Бирæты сæхи фарс æрлæууынкод- той тыхæй. Мæн æууæндынкодтой, Хъарадзаутыхъæуы цы стыр æм- бырд ис, æрмæст уый тæссæй кæй фæстиаткæнынц. Фæлæ куыддæр æмбырды адæм фæйнæрдæм фæуой, афтæ сæ хъуыддаг мæ разы кæй æрывæрдзысты. Мæнмæ афтæ зынди ’мæ Хъарадзаутыхъæуы ’мбырд ауадзын хъæуы тынгдæр уый тыххæй, æмæ дзы бирæты хæхтæм баз- 99
дæхын хъуыди, цæмæй сæ бинонты хъахъхъæдтаиккой. Æртæ боны фæстæ та Хъуыбаттыхъæуы хъуамæ уыдаид ног æмбырд. Уыйразмæ та хъуамæ ард* бахордтаиккой, Уырыс цæ куыд дощтой, уый фæдыл. Сайдæй кæй нæ рацæудзысты, рæстæй кæй цæрдзысты Уырысы къухы. Стæй Бадилаты дæр уыууыл кæй нæ ныллæууыи кæндзысты. Бадилатæ иунæджытæн цы тыхмитæ кæнынц, уыдонæй цын иу дæр хатыр куыд нæ уа. Стæй сæхи куыд хъахъхъæной иумæ, кæрæдзийы сæрыл мæлæтмæ куыд цæуой. Хистæртæ Хъуыбатты хъæумæ ’рымбырд ысты æртыккаг бон. Ба- дилатæй дæр цæм ыссæдз æрбацыд. Иу нарæджы ’рбадтысты. Сæхи дардтой сабыр. Зæрдæ ’вæрдтой, зындзинæдтæ, хъæстытæн фæндаг кæй раддзысты. Æнцондæр цæ кæй фæкæндзысты. Ард дæр кæй ба- хæрдзысты. Алцы ’ппæт дæр зынди хорз. Ныр. Бадил^тæй Айтег, йæхиуыл чи саргъуыдта иуахæм, стæй ма Хъарадзаутæй иу æндæр, ацыдысты Уырысы арæнтæм Фабрициан-инæлармæ, нæхи дзыхæй йын хъуыддæгтæ бамбарынкæнæм зæгъгæ. Уыцы рæстæг мæхæдæг дæр фыстон: куыд æнхъæл дæн, афтæмæй Дыгуры загъд цалдæр бонмæ басабыркæндзынæн. Æмбырды ныхæстæ ’рвылбон цæуыл æнцайдзы- сты, уый мын куыд хъусынкæной, афтæ цын бафæдзæхстон. Фæлæ, куыд раиртæстон, афтæмæй, цæуыл архайдтон, уый кой уыдон чысыл кодтой. Æхсæз боны куы рацыд, уæд Бадилаты хин ысбæрæг — уыдон æрмæст кодтой бонивгъуыйæн. Æмæ цын уæд цæхгæр загътон, иуæй сæ рæстдзинадыл ард куыд бахæрой, иннæмæй та се стырдæр домæн- тæ куыд фæрогдæркæной. Æмæ цын дыггаг бонмæ ’мгъуыд радтон. Уыдон ацы бон афтæ тынг нæ тардтой сæхи фæнд. Кæнинæгтæн сæ фылдæр конд фæци. Æмбырд суанг æхсæвæртæм ахаста. Æз сеппæты дæр, цалынмæ хъуыддæгтæ н’алыг ысты, уæдмæ уым бауырæдтон. Ардхæрын дыггаг бонмæ атыхст, хъуыран кæй нæ разынд иумæ дæр, уый аххосæй. Дыггаг бон Бадилатæ сæхи сусæгæй хæхтæм айстой. Иу чысыл лæвары руаджы йæ æз базыдтон, уыдон ард кæй бахордтой, сæхи Уырысы къухмæ кæй никуы раддзысты, Уырыс цы фæнд ара- зой, уый ныхмæ кæй лæудзысты. Сервыст адæмы цын кæй ныццæгъд- дзысты. Адæмы уаргъ уæззаудæр кæй фæкæндзысты, сæ номдзыддæр раздзæуджыты цын цагъайрæгтæн кæй ныууæйкæндзысты. Хистæртæ дæр мын хæхтæй уыцы уацхъуыд æрхастой. Уыйæдде ма ноджы Ба- дилатæ ’мæ Цæргæсатæ сæ сыхæгтæ Басиатимæ (Асы) сæхи сбастой æмæ цæм æххуысмæ ’нхъæлмæ кæсынц. Хистæртæ æгас Дыгуры но- мæй лæгъстæкæнынц, хъахъхъæд цæмæй æрцæуой, уый курынц. Æз ма уæддæр æвзæрстон, кæд, мыййаг, хъуыддаг æнцад-æнцойæ ахицæн уаид. Мæ тæлмацы цæм арвыстон, дзæбæхæй цын куыд бамбарынкæ- на. Стæй мæм куыд фæзыной, аивæй та цын с’ арæзтытыл йæ цæст куыд рахæсса. Уыдон мын мæ тæлмацæн ахæм æнæконд дзуапп рад- той — æвæдза ма æз иу бон дæр сæ бæстыл баззаддæн, афтæ мæ кæнæ ’ргомæй, кæнæ сусæгæй амардзысты. Тæлмац цæ мæнæн хатыр 100
куырдта, уыдон æм кардæлвæстæй лæбурдтой æмæ ма хистæрты руа- джы раирвæзти. Уыдон æртæфондзыссæдз адæймзджы сифтонгкодтой хæцæнгарзæй, сæ иу хай сæхи ’хсæнæй, иииæ хая та адæмæй тыхы фæндагыл. Афтæмæй уыдонимæ комынарæг хæхтæй Æрæфы къардиу- былты ’хсæн æрфидаркодтой, бынтондæр цæуæн куыд нæуал уа — лæдæр быдырæй уыдонæн сæхимæ, нæдæр мидхæхтæй уа лидзыны фадат махыздæм. Æмæ уый фæрцы хохы дзыллæйы тыхæй сæ фарс куыд фæкæной. Сæумæрайсом мæм иукъорд хистæры ’рбалæууыдысты ’ше мæ лæхстæгæнгæйæ куырдтой, цæмæй цын тагъд баххуыскæнон, æндæра хъуыддаг хæрзсæфт кæны. Сфæндкодтой, адыууæ боны мæм куыд ныббырсой, м’алыфарс кæй ыссарой, уыдон куыд ныдздзæгъдой, тæ фæндаг мын куыд алыгкæной, стæй ма чидæриддæр сæ ныхмæ ’рлæууа, уыдон куыд марой. Мæ ран хорз ран кæй нæ уыд, уый бам- бæрстон. Уацхъуыд æрвитынæн æгæр дард уыддæн, æххуыс мыи куыд бакæной, уый æнхъæл. Мæхи ку’ аиуварсксдтаин уайтагъд, уæд Бади- латæн рæстæг фæуыдакд, цæмæй сæхи ’рфидаркодтаиккой, фæтых- джындæр уыдаиккой. Ноджы мæм адæм цы ’ууæнк дардтой, уый дæр иудадзыг кæ къухтæй аирвæзтаид. Уымæ та Бадилатæ уæлдай бæллы- дысты. Æз равзæрстон иу фæнд, йæ ныхмæ уыдысты иуыл, цыдæ- риддæр та уыди, уыдон уыимæ баст кæй уыдысты: адæмы маст гуырыс- хойаг кæй нæ уыд, уым хъуамæ семæ ныббырстаиккам æмæ Бадилати- мго тыхы фæндагыл фндыды дзырд бакæнæм. Зæронд æгъдæутты фæрцы нымад уыдысты ’рмæст Бадилатæ. Фæлæ æз зыдтон, адæм цæ- гсæй сæ мает райстаикксй, уымæн хъуыди ’рмæст раздзог. Æмæ уæд уадидæгæн дзырд радтон, мæ разы цы хкстæртæ ’рымбырд, уыдснæн куыд фехъусыпкæнон Хъуыбаттыхъæуы, Бадилатæ лидзæг фесты зæгьгæ. Уыдон уынгты сидгæ ацыдыс1ы хæдзарæнлæгæй æдгæрзтæ ’мæ фæндагггаг æртæ боны фаг семæ, афтæмæй мæ разы куыд æрбалæууой. Чи нæ фæзына, уын та — галæй ивар. Райдианы ’ртиссæдзæй фылдæр кæ фæзынд. Мæ хистæртæ загътой, ивар æгæр чысыл у зæгъгæ ’мæ дызæрдыгкæнынц: хъуыддагæй куы ницы рауайа. Æз ивар фæфыл- дæркодтон æмæ уал дзы иуы фæтчыхъæдæн фæиваркодтон дыууæ галæй. Уæд мæм уайтагъд хæххон адæмæй цалдæр сæдæйы, хæцæн- гæрзтæй хæрзифтоиг, афтæмæй æрбамбырд. Уыдонæй хъазахъ æмæ хистæртимæ иуты Дурдур, Хъарадзауты ’мæ Хъабанты хъæутæм арвыстон, цæмæй мæм уырдыгæй дæр уыцы уагыл адæмы ’рбахоной. Æз цын ыснысанкодтон иу бæрæг ран — Гæмæххох, комынарæджы уæле, хъæутæйфæндæгтæ иу кæм бавæййынц. Æртæсæдæ дыгуроны ’мæ ’хсæз хъазахъхъагимæ араст дæн Хъуыбаттыхъæуыл, Урсдоны галиуфæрсты хурныгуылæнырдыгæйты хохмæ. Фæндаг цыди иу бæр- зондыл, тархъæды ’мæ къæвдайы тыххæй зынцæуæн. Хъазахъ æмæ хæхбæсты цæрджытæй ыссæдз лæджы фæстæмæ комыбацæуæнмæ ар- выстон. Фынддæс версты фæстæ хъæдæй иу æрдузмæ бахызтæн æмæ уым банхъæлмæкастæн иннæ адæммæ дæр. Нарæджы фале хуссар- 8 Мах дуг № 4 101
варс ис иу арф ком, хъæд кæм зайы, ахæм. Уырдæм иу зынцæуæн: къæдзтæмæдзтæ фæндаг бафтыд. Стæй та комкоммæ цы гæмæх хох ис, уый фахсыл фæстæмæ нарæджырдæм сыздæхы. Хурныгуылæн- варс дзы Æрæфы арф æмæ даргъ ком. Къардиу æмæ хæрд доныбыл- тыл. Ацы фарсмæ дзы ’рбацæуæи нæй, Цæгатварс дæр, верст вгтæ ’рдæгмæ, ис, ноджы стырдæр, ну гæмæх бæрзонд, фæндаг Хъабанты ’мæ Хъарадзауты хъæутæм уырдыгæй цæуы. Цæгат-хурыскæсæнварс Дурдурæй фæндаг цæуы, хъæд арæх кæм у, ахæм комыл. Хурыскæсæн бæрзæндтыл, Хъуыбаттыхъæумæ фæндаг кæуылты ис, уым дæр зайы тархъæд. Иу хистæры цалдæр дыгуронимæ, кæй кой кодтам, уыцы иарæгмæ арвыстам. Æндæр хистæрты та хохмæ арзыстон, цæмæй рай- сом раджы бацæуæны куыд фæзыной, уый тыххæй уацхъуыд бахæссой. * Æрæхсæв, афтæ мæм мæ сусæг хъахъæнджытæ, йæхионтæм ахъуы- зынмæ чи хъавыди, иу ахæм лæппулæджы ’рбакодтой, йæ ном Мы- сост зæгъгæ, Бадилатæй. Фæлæ йын хæхтæмцæуæнтæ иууылдæр ахст разындысты. Уый фондз цагъайрагимæ ’мбæхст уыди мидхæхты, йа& цæст мæм куыд дардтаид. Æмæ ныр хъавыди йæхиуонтæм уацхъуыд бахæссын, хæстæгкæнын цæм кæй байдыдтон, уый тыххæй. й’ адæм мын раргомкодтой, мах æрбацыдыстæм, уый æихъæл кæа нæ уыдыс- ты, фæлæ сæ фылдæр Уырысы ’фсæдтæй кæй тарстысты. Уый тыххæй арæнмæ цы фæндæгтæ цыди, тынгдæр уыдон кæй хъахъхъæдтой. Стæй хъæуты ’рымбырд дæр æрæджиау кæй бамбæрстой. Тæккæ уыцы изæры хæдфæстæ ма мыл æрбафтыд Дурдурыхъæуæй дыууæсæдæйы ’фсæддон адæм. Хъарадзаутыхъæуæй та — æртæсæ- дæйы. Бон цъæхтæкодта, афтæ ма нæм Хъабанты ’мæ иннæ хъæутæй æртæсæдæ ’фсæддоны ’рбацыд. Ныфс ма нæ уыди, ноджы фылдæрæ!! дæр ма нæм кæй фæзындаиккой. Фæлæ нын æгъгъæд уыдысты фараст- сæдæ æдгæрзтæ ’фсæддоны. Уыцы ’фсæддонтимæ æз хъуамæ комы бафсæрстаин Дыгурмæ, Бадилаты ’мбырдмæ, цæ^мæй сæхи бацæттæкæ- нын сæ бон нал бацадаид. Куыддæр уыцы уынгæг ком æрдахстон, аф- тæ Мысост æмæ й’ адæмæн сабыр ныхас фæкодтон, стæй цæ ауагъ- тон. Æууæндын цæ кодтон, Бадилатæ мæ сæхæдæг кæй фæцæуынкодтс^й Дыгурмæ, Хъуыбаттыхъæуæй сусæгæй кæй ралыгъдысты, уый фæдыл.. Мæнмæ ис æрмæст ахæм фæнд, цæмæй цæ рæстдзинадыл саразон, ард куыд бахæрой, Уырысимæ рæстæй кæй цæрдзысты, уыууыл. Стæй Хъуыбаттыхъæуы цы уынаффæтæ бакодтам, уыдон куыд ысфидар- кæной æмæ мын ардхæрынæй æууæнк куыд радтой. Æвæдза сæхн ’нцад куы дарой, уæд цын дзырд дæдтыи, рæстдзинад цын кæй уыдзæн. Хъахъхъæд кæй уыдзысты, сæ хъуыддæгтæ хицæуттæм куы’ хæссой, уæд. Æрæфынарæджы йæ рахиз фарс бæрзонд хæхтыл иукъорд сæдæ^ лæджы ныууагътон, мæхæдæг фæуырдыгкодтон дарддæр. Хуссарварс хæхты ’хсæн айгæрстой иу нарæгфæндаг. Йæ уæрх иу цалдæр ивазньг уыдаид. Фæндаг фæуырдыг æмæ цыди иуцалдæр чысылдоны сæрты хохыфæхстыл, Æрæфыбылмæ хæстæг. Стæй æрбаздæхт иу чысыл: 102
лæгъзфæзмæ, Уым йæ рацæуæны ранæй-рæтты уыди къæдзæхыхæлдты- тæ ’мæ иуцалдæр дыргъбæласы. Ардæм мæм фæхабаркодтой, хохы дзыллæ, цæмæй мемæ баиу уой’, уый тыххæй мæм æмбырдæй æнхъæл- мæ кæй кæсынц Дыгуры. Уыдон ныфс нæ уыд сæ бынат ныууадзы- нæй. Уымæн æмæ ку’ адард уыдакккой, уæд цын Баднлатæ сæ хъæутæм куы ныббырсой, уымæй тас уыд. Бадилатæ уыцы ранмæ хæстæг æм- бырд уыдысты. Æз иу фæзыл размæ араст дæн Хуссармæ, кæд нæм, лидзджыты дзырдтæм гæсгæ , Бадилатæ ’ртхъирæикодтой, сæхи мыл кæи ныдздзæвдзысты, кæй нæ мыл бацауæрддзысты, куыддæр хъæутæм æлъахс бацæуон, афтæ, уæддæр. Сæ хъæутæй дыууæ версты раздæр мæм æроацыдысты Дыгуры адæм æмзæ сæ хистæрты минæвæрттæ. Кæ бацыд цьш уыдн амондыхос. Стæй нын фехъусынкодтой — Бадилаты фарс чя уыд, уыдонæй цæ бирæтæ кæй ныууагътой. Æмæ цын сæ фи- дæрттæм, сæ цæрæндæттæм мæхи куы фездахон, уæд хъуамæ хæхтæ ’мæ айнæгбæрзæлдтæм фæлидзой. Дыгуры адæмæн махмæ ’нхъæлмæ- кæсынæй сæ цæстытæ ныуурс ысты. Æз ма иуты фæстæмæ Æрæфыр- бацæуæнмæ арвыстон, цæмæй нæ фæндаг лыг ма ’рцæуа. Кавказы хæх- ты цы фидар бацæуæнтæ ис, уыцы бацæуæн дæр уыдонæй у. Æрæф йæхицæн бахордта уынгæг æмæ арф хохдонбылтæ — дæсæмæдыууис- сæдз изазны бæрц. Ацы донуаты уый ахсы дыууæ къулы. Хурныг^ы- лæигарс, йæ галиу хохбылтыл къæдзæхтæ сæхи систой иу бæрзонд хохмæ. Уымæн сæрдыгон дæр ма йæ цъуппыл арæх вæййы мит. Йæ рагъ та хæддзæкæны суанг Лесченыдокмæ. Хурныгуылæны иыдзæвы Церекыл æмæ йыл иу ран дæр нæй ахизæн. Хурыскæсæнварс, Æрæфы рахиз былыл хæхтæ, кæд æмæ донмæхæстæг ныллæгдæр фесты, уæд- дæр лæгъз не сты. Стæй цадæггай сæхи систой иу бæрзоид хохкъулмæ. Ацы ран Æрæфмæхæстæг иу фæскъæдзæхты сæстытыл цæуæн ис, ра- нæ.;-рæгты Доы къахдзæфтæ угардгонд ысты. Иу версг хуссарзарс дзы ис иу къæдзæх, бæрзондмæ цы нарæг фæндаг цæуы, уый разæй. Уы- цы къæдзæх банцайы Æрæфы къардиубылтыл. Ацы хæхтыл фæлдаг цыма гæрдгæ ачындæуыд, уыйау — иукъорд ивазны уæрхмæ, иуыссæдз ивазны та дæргъмæ. Хуссарварс фæндаг хохбынты фæуырдыг иу арф к(Ш!г.æ. Цæуы дзы иу хæххон мæсчъыдон. Уый ызгъоры хурыскæсæн хæхтæн сæ уырдгуыты иу фæзы алыфарс, стæй фондз версты фæстæ Дыгуры дæллаг хъæутæм. Æз мæ фæндаг дардтон хъæутыл, хæхтæи сæ дæллаг фæхсты суанг Гарнискдонмæ. Уыцы дон цæуы хурыскæсæ- нæй æмæ, верстдæлдæр фæндагæй, бафты рахизырдыгæй Æрæфыл. Фæндаг цæуы Гарннскдонæн йæ рахиз фæрсты хуссар-хурыскæсæиыр- дыгæй — донæн йæ къарднубылты бæрзæндтыл. Уыцы ран кæддæр уыди Бадилаты бадæн. Иæ комкоммæ галну фарс, иу айнæг бæрзонд къæдзæхыл — Бадилаты фидæрттæ. Æз цадæггай цыддæн хæрдмæ иуцалдæр чысыл доныл фæстаг хидмæ. Хидыл мах бахызтыстæм га- лиу фарсмæ, Дыгур æ^.бырд кæм уыдысты, уыцы чысыл фæзмæ. Куы цæм бацыддæн, уæд фæцырд ысты ’мæ сæ тыхыл сæ зæрдæ фæдардтой 103
æмæ мæм хатыдтой, Бадилатæ цы фидæртты бадьшц, æвæстиатæй цæ уырдæм куыд акæнон. Мæ фæнд, хъуыддæгтæ рæстырдæм саразыны фæнд, нæ бацыд сæ зæрдæмæ. Уыдон мæ домдтой, цæмæй Бадилатæ бындзагъд æрцæуой, кæннод æнцойцардæн нæй ысфидаркæнæн никуы. Æз ыстыр зынраны фæдæн уыцы хивæнд адæмы уыромтæйæ — Ба- днлаты фидæрттæм куыннæ бабырсой. Æмæ мын сæ баеабыркæньшæн фылдæр хъиамæт бахъуыд, уый агъоммæ мын сгрымбырдæн цæйбæрц бахъуыд, уымæй. Бадилатæй тыхджындæр кæй уыдысты, уый тыххæй ызнæткодтой æмæ цын бауыромыпы фадат нал уыд нæдæр фæндæй, нæдæр лæгъстæйæ, нæдæр æртхъирæнæй. Адæмыл фæстæмæ кæй хæцыддæн, уый цæ ноджы тынгдæр цырынкодта. Æмæ мьш сæ ныфс мæнæн мæхи дæр, æиæ фæстæмæфæкæсгæйæ, уыдон фæндоныл кæй ыздæхта, уый фæдыл мæхи афтæ дардтон, цыма разы дæн семæ. Мæ- хæдæг та хъавыддæн, цæмæй цын мæхирдыгæй фæкæнон сæ дзырд- дзæугæты. Æз цын дзырдтон, хъавгæ-хъавгæ аразын кæй хъæуы хъуыддаг, æмæ та мæм уæд сеууæнк радтой. Æз цын æрывæрдтон сæ разы, мыяйаг, Бадилаты фидæрттæ æнæзынтæй куы нæ бафтой къухы... Фылдæр адæмæн нæй гуыбыныхардз æмæ сæ хæрпнаджы уæз хауы хæстæгхъæуты рагъмæ. Дзырддзæугæтæн сæ фылдæр уыцы хъæутæй уыдысты ’мæ уый тыххæй разæнгард нæ кодтой. Уытæппæт дзыллæйы хæринаджы хардз сæхимæ райсой, уый цæ нæ фæндыд. Хохрæбынцæр- джыты мæ фæдыл аздæхтон — фæстæмæ куыд ацæуой, хæринаджы кой куыд бакæной æмæ сæхи цæттæ куыд дарой. Дæрддзæф хъæуты цæрæг дзыллæ фæстæмæ аздæхтысты, сæ хистæртæ та баззадысты мæ цуры. Уый тыххæй æмбискъаддæр фæци адæмы ’мбырд. Æмæ адæмы, тых куы фæкъаддæр, уæд æнцаддæр æмæ коммæгæсдæр сысты. Æм- бырд адæм ма Бадилатæй уæддæр тыхджындæр уыдысты. Сæ бынат уыди иу чысыл фæзы Гариискдоны га^иу былтыл, фæзы астæу иу зæронд агъуысш. Уый цыя уыди кувæидон Хуыцауæи. Хастой дзы нывæндтæ. Куывды дзы бадтысты бæрæг рæстæджыты. Ноджы ма цьш уыди, фæнд кæм арæзтой, ахæм хæдзар дæр. Хуыдтой йæ дзуар æмæ йæ кадджын дардтой. Зынди тынг зæронд, зæххы арф афардæг. Дæргъмæ уыдзæн ыстдæс санчъехмæ ’ввахс, уæрхмæ та — дæс. Ис æм дурæй иу æвзæр фæндаг. Йæ сæр сыджытæй, тъæпæн. Йæ бацæуæн æмæ йæ дыууæ чысыл фæрссаджы сты цæгатварс. Уыдонæй йæм цæуы рухс иучысыл. Мидæгæй йæ къултыл сæртæ ауыгъд, сыкъатæ ’мæ стджытæ. Хуриыгуылæнварс иу ыстыр чырьш. Уым дæр нывонды сæртæ ’мæ стджытæ ’фснайд. Уыдон цын амонынц хроникы бæсты. Адон руаджы сæ зæрдыл дарынц, нывонд æрхæссыны агъоммæ цыл цы стыр хъуыддæгтæ сæмбæлд... Кæд æмæ цыфæнды чъизи ’мæ цы- фæнды дзаг у алы хилæгойæ, кæд йæ къултæ цыфæнды фыдынд астæрд уыдысты стджытæй, уæлдайдæр та, кæд æмæ йæ чысыл рухсыцъыртт, ыстæй й’ астæу цы арт сыгъди, уый рухсмæ зæрдæйы тас цыди, уæддæр сеппæты фæндоныл ницыуал уыди мæ бон зæгъын, фæтасыддæн æмæ 104
дзы ’рфысымкодтон. Уыдон уырныдта, мæнæн мæ кад фылдæр кæн фæуыдзæн, сæхидæн та амонд кæй æрхæсдзæн, уый хуызæн сыгъдæг ран куы бафысымкæнон, уæд. Цы гæнæн ма мын уыди: сæ мæнгуыр- нын мьш фæтк фæци мæиæн дæр. Хуымтæй фæстæмæ зæхх уыды ныллæг комы бынтои юæгуыр уыди. Сæ фос дардтой хуссарзарс, хæх- тæн сæ бæрзæндтыл. Нæ бæхты дæр нын уырдæм ыстардтой... Уырдæм йæ цæуæи зын у ’мæ уынгæг. Уый фæрцы иуцалдæр гæсæн сæ бон у хуыснæгæй сæ фос хъахъхъæкын. Уæлæуæз хæхты бæрзæндтыл ирд кæй уыди, комы та къæвдаджын кæй хаста, стæй мигъты сæрмæ сæ бæхтæ хорз хиз кæй ардтой, хур цæм кæй каст, хъазахъ уымæй дисдæр ницæуыл кодтой. Бадилаты æнæууæнк æмæ хивæнд æз хъавыддæн асæттынмæ сæ сусæг фæдылдзæуджыты фæрцы. Уыдон та мын зындгонд уыдысты. Уыдон руаджы цын æз уыддæн фæндгæнæг. Æууæндын цæ кодтод, хъуыддаг, куыд æябæлы, а']ггæ кæй арззыи. Æицси глыя кæй нæ уыди, адæмы фесæфыныл чя архайдта, уыдоны сабыркæнын. Æууæнк цыя лæвæрдтон, хъуыддæгтæ хуыздæрырдæм арæзт куыд æрцæуон, уымæ кæй тындсæм. Æрмæст сæхæдæг сæ фидар быиæттæ куыд ныууадзой, сæ зæрдæ мыл куыд дарой. Рæстдзинадæл æндæр мæ кæй ницы фæн- ’ды, стæй цæ сабырæй æндæр кæй иицы агурып. Уый куы нæ уа ’мæ сæхи фæнд куы 1æрой, уæд адæмы каст дарддæр уыромикаг иал дæи æмæ цын сæ фидæрттæм ныббырсын хъæудзæн. Ноджы дæр та цын æдасы тыххæй ныфс куы бавæрдтон, уæд фæтасыдысты ’мæ сæ фи- дæрттæй рацæуыныл ысразы сты, цæмæй адæмимæ ’рдзурой. Бадила- тæ ’мае адæм сэгъдаумæ гæсгæ ’рбадтысты дыууæ ’мбырдæй лæгъз фæзы, дыууæсæдæ къахдзæфы сгхсæк. Сæ фæнд кæрæдзийæк хъусын- кæныяц дыууæ минæварæн. Уыдонæи лæджджытæ сæ къухты, афтæ- мæй бадынц дыууæты ’хеæн. Уыдон хъуамæ уоя хæрзарæхстдзурæг лæгтæ. Дзуапп дæдтыкц, сæ ныхмæ чи лæууы, уыдои фæндæн. Алы ’мбырдæл дæр гла ис æндæр дзурæг дæр сæхи здадæг. Уын сæрæй-бык- мæ радзуры кæхиуонтæц мииæвæртты уацхъуыд, æмбырдæп й’ астæу лæууы, афтæмæй. Уый ма ноджы ’ръшбырдкæиы йæхиуонты хъуыдытæ ’ий цын сæ фæид фæзæгъы иннæ дыууæ минæварæн. Уыдон та йæ бахæссынц инпæ ’габырдмæ. Дыууæ мпкæиары æмиыхас шшæд кæ- пыдц, фæлæ дзы иу йæ зæрдыл дары, мыййаг, дзурæг исты куы бай- рэхкæча, кæпæ кæрошзæ куы кæ райхала йæ хъуыды ’глæ дзы исты æкæмбæрстæй куы баззайа. Уыцы минæзæрттæ алцæмæй дæр сæхп уыромаг ысты: æзæдза ’мбырдкæньш байдыдтой адæм, афтæ иы^ъхъус- Бæййынц æмæ дзуапхæссын æпдæр минæвары ’вдншд бакæнынц. Иу ахæм зьиггæ хъуыддаг, кæнæ цæм зыяæвзарæн хъуыддаг куы разы- иы, уæд мииæвæрттæ сæ мадæлон æззагыл нæ дзурыяц, фæлæ асьгйа- гау, кæнæ кæсгонау. Дзурæглæгтæ та ныхас æппæтæй дæр ыстæлмац- кæнынц фæлтæрган, хайгаи, кæнæ та й’ алы дзырд дæр. Фæнд куы фæкæнынц, уæд æцæгæлон мипæвæрттæ ахибарзæййынц. Ныхасы бар 105
фылдæр ис хистæртæм, уыдон дзырдарæхстæн бирæ кад ис. Фæдзу- рынд радыгай, ыу иннæйы фæстæ. Сæ фæндтæ кæрæдзиуыл куыиæ бадоя, куы фæдихтæ уой, уæд фæдзурынц хицæн къордгай, æмæ, æаæ- дза, сæ фæнд иу нæ кæны, уæд сыстынц, æмæ цæм цал фæнды разыяд, уал къорды фæвæййьшц, æмæ афтæмæя кæрæдзийæ дæрддзæф æрба- гглнц. Уыцы раи фæтæрхонкæнынц, цалынмæ фылдæры фæндмæ бахæ- сгæгиæййынц, уалынмæ. Стæй та иумæйаг æмбырды ’рбадыиц. Ам дзурæг лæг, кæнæ хистæр, адæмыл фæзьшы ’мæ фæстагмæ фылдæры фæид фæуæлахизЕæййы. Æвæдза цæм уыцы ’гъдау кæй, уæд цгли иу фæнд дæр быиатмæ н’ахæддзæуаид, уымæн æмæ алкæй дæр, цы фæн- ды, уый кæны. Æмбырды бадт чи фæци, уымæн дзы йæхи алаоыны бар нал и. Стæй æмбырдæй чи нæ уа, уымæн дæр нæй бар уырдæм йæхи бахæстæгкæнын. Уый руаджы цæм дзырддав нæ бахъуыздзæн, тæрхон куы фæкæнынц, уæд. Райсомæй байдайынц тæрхоны бадын æмæ уыцы ’мбырдæй фæбадынц суанг изæрмæ æд хæцæнгæрзтæ. Сихорыл дæр сæ бадт нæ хацлнц. Хæргæ бакæнынц райсомæй, куы сыстынц, уæд, сгæй шæрæл. Тæрхоны бадтысты фокдз боны, æнæ нсты кæрон ыскæнгæ. Хаттæй- хатт-иу сæ быцæу афтæ стыяг, æмæ-иу сæ кæрæдзимæ лабурьшгл уоиг систы. Сæ загъды цыргн-иу мæ хуыссынгæиинаг фæци æдзух, æмæ та-иу уæд се ’хсæн дарддæр ныхас бацандагъ. Æз цын æдзух уыддæн фи- дауынгæнæг, сæ фæнд баиуæн амал нал и зæгъгæ, уæд. Æпиынфæстаг, хъуглддæгтæ лыг æрцыдысты суанг хъалон фидыны уонг Бадилатæн. Фæлæ ацы тæрхойнаг зынаразæн уыди. Хъалонфидын адæмæн фæидон уыди, сæ фыдыфыдæлтæ йæ Бадилатæн куыд фыстой, уыцы уагыл. Углмæн æмæ уыцы рæстæджы алчидæр йæ хъалои фыста барзæндонæй, стæй хæрзчысыл уыди. Тæрхоныоадæг Бадилатæ та агуырдтой, æрæ- гæй ардæм уыдонæй алкæмæн дæр йæхи фыд цы хъалон æрывæрдта, уыцы хъалон ацæмæй. Уый фидыя адæмæн æгæр уæззау уаргъ уыди. Тæрхоны куы бадтæн, уæд æз архайдтон ноджы, цæмæй тумæ (Ба- дилатæн сæ иомылустыты зæнæг) адæмы руаджы Бадилатæй куыд ахи- цæнуыдаиккой. Раздæр уыдон хъалонæй уæгъд уыдысты. Барзæндон лæвæрттæй дарддæр ницы кодтой. Адæмæй уæлдай та ма цын уыди бирæ бартæ. Ныр цæ æрæгæйардæм сæ кæстæртыл (вассалтыл) баны- мадтой, фæлæ цæ ’рмæст уыууыл нæ ныууагътой, уымæй уæлдай ма цын сæ удтæ’мæ сæ исæн дæр хицау ыскодтой сæхи. Цæйбæрц цæ ба- фæндыдаид, уыйбæрц хъалоныл цæ домдтой. Тумæйы адæмыхатт Ды- гуры дзыллæйæн уыдосты йсртыггаг хай. Уыдон куы фæхицæн ысты Бадилатæй , уæд уый аххосæй дыууæсæдæ лæгæй сæ тых фæкъаддæр. Фæлæ уæддæр Бадилатæ иицы ком лæвæрдтон. Сæ фырхъалæй-ну æдзух сæ тæрхон хæцæнгæрзтæй хъазыдысты ахицæнкæнынмæ. Фæ- стагмæ сæ фарс нал углд Бекби дæр, Цæргæсаты, кæлæ та сау Цæргæ- саты хистæртæя сæ иу. Ан цæй фæдыл рауади, уый фæсгæдæр зсэгъ- дзынæн. Ацы Цæргæсатæ цардысты митхæхтæн сæ тæккæ бæрзæн- 106
дты’хсæн, Æрæфæн йæ галиу къабазы райдиангæ хæстæг, Бадилатæ яæдæм фæлыгъдыст|ъх, уьхй чъылдыммæ. Хъарадзауты ’мбырды куы уыддæн, уæд уыцы рæстæг æз æнæнхъæлæджы иу тасран сæмбæлддæн Бекбийыл. Иу тархъæды араст дæн, ку бæрзоидмæ бафтыддæн. Хæцæн- гарзæй мæм ницы уыд, бæстæйы уазæртрл ныв аивæй сисыны фæнд уыди мæ зæрды. Æз фестадтæн Бекбийы ’мбæхсæны ’мæ мыл уым ам- бырд ысты. Æз ракæ бакæ нал, фæлæ йæм æдасæй, æнæхæцæнгарз æмæ æнæ ’мбалæй бацыдтæн æмæ мæхи йе ’уазæг бакодтон. Куыд мæм фæзындн, афтæмæй мын æууæнк радта. Уыцы ’ууæнкæй æз фæстæдæр фæпайдакодтон. Бекби хин ашæ ’хсарджын лæг уыди. Сыхаг хъæутæ тæ йæ æгас хæхбæстæ фыдгæнæг абырæгæй зыдтой. Рæдыд цытуарзы- ны фæдыл ныххæцыди Бекби ацы абырæгдзинадыл. Ардыгон зондмæ гæсгæ та угацы ’взæр миниуæг ыстыр ысгуыхтыл нымад у. Ыыр уый ард ысхъардта ’мæ, йæ фæдыл цы адæм уыди, уыдоиимæ Дыгуры дзыл- лæйы фарс æрлæууыд. Уыцы) иудзинады бацыдысты Хъахъхъæдур* æмæ Доныфарс дæр. Уыдон иннæ дыгурæй сæдæ азты иртæст цардысты. Уыдыста ’мсæр (демо1фат-царды арæзтыл), æнæлдар æмæ быцæуы дæр нæ уыдысты. Кæд æмæ Дыгургомы цардысты, уæддæр цæм Бади- латæ сæхи б^рдарæг никуы скодтой æмæ сæ сыхæгты цæсты кг>хмад уыдысты, йæхиуыл саргъ æвæрын чи нæ бауагътаид, ахæм адæмыл. Цар- дысты иу нарæгмæ хæстæг хохы фахсглл, Æрæфы галиу фарс. Сæ цу- ры, хъæуæн хурныгуылæны, ис Ныкколайы номдзыд лæгæт. Уыдсн ын хæссынц Егявæндтæ, нымд ын кæнынц ацьх ран æмæ йæ цæргæсы хуызы 1гæя феныяц, уый цæ уырнгæ дæр кæны. Ай-гъай, бæрзонд хохлæгæты, нывæндтæ кæм хæссынц, уыГх цæргæстæ хъуамæ цæуылнæ сгарой æнæ- зиЕæг! Хæсты размæ цæргæс куы феной, уæд цæ фæуырк|Ъ1 — уый цын уæлахизы нысан у. Уыцы мæигуырнын цæ кæны æнæбасæтгæ, æхсар- джын. Стæй цын фидаркæны сæ республичг>1 бынæвæрды фæтк. Хъаст тът кодтой дыууæ уæлладжырон хъæуæй. Уыдонæн фæт1сæн баззад фыдæлтæй — Дзуарыбынмæ нывондæн ластой иу урс гал. Фæлæ ацы фæтк æрæгæй ардæм кæнынмæ нал хъагглнц, Цæмæдæр гæсгæ алыр- дыгонау сæхи хъардтой, уыцы дыууæ хъæуы та сæ фæтк кæньш куыд байдайой, ныед куыд 1сæной сæ хъахъхъæнæг дауæгæн, раздæр ын-иу куыд кодтой, афтæ. Фæстæдæр æм æркæсдзынæн зæгъгæ, уъих æфсопæй яæ бацыддæн сæ хъуыддаджы, мæхи дзы аиуфарскодтон. Бадилатæ ницы кæрон кодтон. Æрзылбон зынди, туыхджынæй тых- джындæр кæй рæвдз кодтой сæхи хъахъхъæнынмæ. Ныхæстæ иууыл- дæр дзæгъæлы уыдысты. Æмæ ’идæргæнæн кæй нал уыди, уым æз кглфсхаст уыддæн, мæ фæсонæрхæджы дæр чи нæ уыд, ахæм тыхы фæндагыл ныллæууынмæ. Уымæн æмæ уыдон тыхæй куы нæ сразыкæ- иай, уæд дзæбæхæй 1СОМ нæ раддзысты. Хистæртæ Бекбимæ хъуамæ сæ /дзых бадардтаиккой, цæмæй йæ цæргæстнмæ, æмбырд цы ран у«ыди, * Хахъхъæдур (Æхсæу?). — Тæлмацгæнæджы фиппаннаг. 107
уьшæй фидæртты’хсæи нарæг бацахса. Хъуыддаг æнцон уыди, уымæи æмæ Бгкби ’мæ, йæ фæдыл чи рацыд, уыдон æдзух дæр сæхи ’ввахс дардтой хъæды. Бадилатæ æмбырдмæ ацгл райсом æнахуыр æрæгмæ зьшдысты. Æмæ цæм хатыддæн, афтæ æрæджы цæмæн кæнынц, уый аххосаг мын куыд зæгъой. Мæхицæн та мæ зæрдæ фехсайдта, кæд цын исчи мæ фæид сæргомкодта зæгъгæ. Уыдон мын дзуаппæн загътой, сæхи ми- дæг æмбырд кæй æркодтой, цæмæй цын фæстаг зынæвзарæн хнцæи л~лстæг хъуыддæгтæ тæрхонгонд фæуой. Уый руаджы иумæйаг æгабырд æнæкъуылымпыйæ йæ кæронмæ ахæддзæуыдзæн. Æрæджиау фæзын- дысты 'м=æ ныр сæ ифтонг, сæ тыхджын æмæ сæ хуыздæр хæцæнгæрз- тæ уыл æздыстой, æмæ цæм фидауглны зæрдæ кæй нæ уыди. Æмбырд абснæй ызмæстдæр никуы уыди. Хъæр цас кодтсй, ныхас уыйас нæ кодтой. Бадилатæ, ныхас цæмæй уырæд æрцыдаид, уый сарæзтой рай- дианы. Сыста/тлеты ’мæ ртхъирæнкодтой хæцæягæрзтæй. Цæйнæфæл- тау адæмы фæндсныл ацæуой, уылбæсты цæм амæлын хуыздæр кастн. Уæд цæм æз бацыддæн æг.тæ цын сæ разы ’рызæрдтон сæртæ-сæр^æй, адæм хъуамæ цæуылтгл сразыуыдаиккой, уыцы уынаффæтæ. Бамбарын цьш ксдтон, сæфтыкъахыл кæй дæууынц, иттæг тасран кæй ысты ’мае цæ уырдæм’ сегоммæгæс кæй батардта. Ноджы.цын ыской кодтон сусæг хабары хуыггл, адæм цын ыстыр фыдбылыз кæй аразынц. Æмæ цын сæ хорз зснд хъуамæ бацамона, адæмимæ бафидауыи цын хуыздæрæи кæй фæуыдзæн, цæйнæфæлтау бынтон бынысæфт фæкæной. Уыдокæн се уæнгтæ ’рызгъæлдысты, хъуглддæгтæ цын куыд равдыстон, сæхæ- дæг дæр цæ уыцы хуызы федтой. Æмæ цæм хъуыддаг афтæтынг ба- хъардта ’мæ сæхи дæр, с’амоид дæр иууылдæр Уырысы ’вджид бакæ- кглныл ысразы сты. Мæнæй та курæг уыдысты, мииæвар цын цæмæй фæуон, æмæ адæмимæ сæ хъуыддаг цæмæй ахицæн уа. Тæрхонгæндты сæраппонд ард бахордтой. Стæй дыууæрдыгæй дæр, сæ фæткмæ гæсгæ, къæбæлтæ ныуугардкодтой æмæ цын сэрдджытæ сæ кæрæдзимæ рад- тох Тæрхснгæидтæн сæ сæйрагдæртæ углдысты: 1. Иууылдæр хъуамæ ард бахæрой Уырысæи. Нырыдуджыцæрæг Бадилатæ, дыгурæй сæхицæн кусæг кæй ыс- кодтой, углдон хъуамæ сзппæты дæр ысуæгъдкæной. Стæй сæ фыдæл- ты рæстæгæй ардæм цы зæххытыл ныххæцыдысты æнæгъдауæй, уы- дон дæр иууылдæр куыд ысуæгъдкæной. Фосæй, хæцæнгарзæй сæхи кæй бакодтой тлхы фæидагыл, уыдон хъуамæ иууылдæр фæстæмæ рад- той, цы ма дзы разыяа, уыдон. 3. Бадилатæн цы хъалон æвæрд уыди, уый фидæнмæ хъуамæ фыст цæуа рагои æгъдæуттæм гæсгæ. Ноджы хъуамæ хæрзбæлвьгрд бæрæггонд æрцæуа уыцы хъалон. 4. Тумæ-адæмыхатмæ Бадилатæ фидæнмæ бархъомыс нал да,- 108
рынц æмæ цын, иннæ адæм æмæ хистæртæн цы бартæ ис, уыдо- иæн дæр хъуамæ уа уыцы баргæ. 5. Бадилатæн хъæутæй хъалон агурыны бар нæй, цалынмæ, ра- зы цы тæрхойнæгтыл сысты, уыдон бæлвырд сæххæсткæной. Уый фæс- тæ та сæ рагон бартæ хъуамæ сæхи бауой. 6. Алы хъæуæй дæр иу бадилон æмæ дыууæ хистæры Уырысы ’феæдты хицаумæ хъуамæ фæзыной, цæмæй сæ фидыды бадзырд фи- даргоид æрцæуа. 7. Уый агъоммæ Дыгуры иугонд дæсæмæссæдз хъæуæй Бади- латæ ’мæ хистæртæ хъуамæ ард бахæрой. Стæй къухфысты бæсты фи- дыддзырды сæвæрой; се ’нгуылдзты фæд. Хъа^гъайæгтæ тæрхонгоид æрцыдысты иууылдæр^ æмæ та Ба- дилатæ ’мæ Дыгуры ’хсæн фидод ысфидар*. Сæ кæрæдзимæ хæларæл куыд ракастысты, минæвардзинады бузныг кæй фесты, зæрдæнцойæ фæйнæрдæм кæй цыдысты, уыдæттæ ’вдыстой, дыууæрдыгæй дæр цыи æмхуызои æхсызгон кæй уыди сæ зæрдæтæн, уый. Умцыхуызæ- нæй, дæсгай азтæ фæхъаугъакæньшы фæстæ Дыгургомы фидыд æмæ нудзииад ралæуз’ыд. Дыууæрдыгæй дæр пт>ш радтой æмбæлттæ ’гаæ æз мæ хъазахъхъы къамандæ фæстæмæ арвыстон. Ныууагътон ма дзы цыппар лæджы. Хъазахъхъы бæсты та мæхицæн хъахъхъæнæг къорд ысззцтои хæххон адæ?лæй. Уыцы адæм сæхи радтой, уый фæдыл ысуæгъд, нырмæ кæй нæ зыдтащ, ахæм цæуæн Имеретмæ хæхтыл. Ирыстонæй Уырысыл æртæ мин адæймагæй фылдæр бафтыд. Цæрыиц Чысыл-æмæ Стыр Кæсæднп хæдчъылдылшæ ’мæ бахъуаджысахат уыдон сеххуысы хай бакæндзы- ст)Ъ1, цæмæй ацы æиæнцой адæммæ ’идæр хъуыдытæ ’рдæуа. Ирыстон минералтæ ’гаæ згъæртæй хъæздыг у ’мæ хъæздыг æф- тиагæй пыфс æвæры. Къуылымпыйаг дзы 'рмæс,т уын уыдзæи, æмаэ цæм хъæд арæх хæстæг нæй. Хъæд цы ран ис, уырдæм цæуг>ш та зьшвадæттæ къуылымпыкæндзысты. Æз дзы алырак дæр ыссардтои хæзиадуртæ. Фæлæ Уæлладжыры оызгъæрин ызмис, йго кой цас код- той, афтæ мæм нæ фæзынди. Уæлладжыргл хистæртæй йæ иуы уæ??лы ссардтой. Кæ коп кæмæн аихъуыст, уыцы урсдойнаг ызды, дзыллæ сæ- *Дыгуры куыд дзырдтой, афтæмæй ацы Бадилатæ уыдысты ’рцæуæгггаг, Мадзайраг уæздæттæ дам ыстæм зæгъгæ афтæ дзыодтой. Æрцардысты хохыбацæуаэнты. Уыцы бацæуæнтæ кæй хъахъхъæэдзы- сты, ахæм дзырдæй. Дыгур та цын уыйхыгъд «барзæндоыæй» дæддзы- сты мызд иучысыл. Цадæггай-цадæггай уыдон уаргъ сæвæрдтой адæ- мыл, стæй цыл æлдариуæгкæнын байдыдтой. Сæхи дардтой æлдæрттæй уæздæтты ’хсæн — нæдæр æлдæрттыл, нæдæр уæздæттыл нымадтой сæхи. Сæ уд хъардтой, цæмæй цын Кæсæджы ’лдæрттæй дзырд уыда- ид, уыдонимæ хæстæджытæ куыд кодтаиккой. П. (аллас). 109
гзшцæн нæмгуытæ кæмæй кодтой, уый бирæ фыдæбæтты фæстæ æз .амондджьш ард глскодтон. Урсдои, кæнæ йæ Тгрчы был ыссардæуыд кæй дзырдтой, уый бынтон мæнг у. Ис ну хохырагъ, хурныгуылæнæй хурыскæсæиырдæм Уæлладжырыкоммæ чи ’фтауы. Уыхзы ’фцæгæй цæ- гатварс фæци, размæ чи рацыд, иу ахæвд бæрзонд. Бæрзондыл дыууæ мæсчъыдсны ’нхъæвзыиц цæгат æмæ хурыскæсæкгл. Стæй йæ цьша гæрдгæ дæр акодтоя, уыйау. Уымæн йæ фæстæ хохыфахсыл иу чысыл нæзыхъæд. Æрмæст дзы иунæг уый ис ацгл афтид ран. Уыцы хъæд фаг уаид чысыл хоххæзнаты куыстæн. Хохæй хæзнадур цæйбæрц хъæуид, уый фынддæс версты цæгатварсмæ, хохрæбынты тархъæдмæ ластæуид кусæгфосыл. Ам хæзнакусæн хæдзар сарае*ынæн æдас æмæ цæттæ ран уаид. Мииералты зыиы ’взист, мыстымарг, ызды ’мæ сондон æмхæддзæ. Стæй ныфс æвæры хъæздыг æфтиагæй. Уыимæ ис æргом, ран. Йæ фыдздзаг фæд-лл ын гуырдзыйæгты руаджы фæхæст дæн. Куыд дзырд- той, афтæмæй уыдон кодтой сæудæджеры куыст æмæ сæмбæлдысты мæ .фарсмæ. Имеретæй чп ралыгъд, иу ахæм къорд боны фæци уыдонмæ. ^Æрбацыди мæм æмæ мæ куырдта, цæмæй йæ бахъахъхъæнон. Æз æй фарстон, цы куыстгæнæг глсты гуырдзыйæгтæ зæгъгæ. Стæй йын ба- фæдзæхстон хæххон дзыллæйæ арæхдæр кæйтимæ вæййьшц, уыдонæй мын искæй куыд бацамона. Уый мæм иу лæппулæджы ’рбахуыдта. Би- рæ зæрдæтæ йын куы базæрдтон, стæя мыи мæ лæвар ку’ айста, уæд рабæрæг, дуртæ кæй æмСглрдкæныяц. Дыггаг бон мын æрбахаста тæрс- гæ-ризгæйæ хæзнадуртæ ’мæ мын загъта, куыддæр æй ысхъæркæнон, афтæ удæгас нал баззайдзæн. Лæвæртты руажы мыл фæиузæрдыг. Ба- цамыдта мьш, бирæ дзыхъхъытæ къахт кæм уыди, ахæм ран — æнæ- знвæг хæзнаагурджытгл куыст. Мæ дарддæры балцы агъоммæ æз хъавын Дыгуры быцæутæ фье- бæлвырддæр кæныны тыххæй, уыдонæи сæ истори ’рылтлсын, сеппæт дæр кæй зснынц æмæ таурæгъты куыд баззад, афтæмæй Дыгургомы, иниæ Ирыстоны уæлдай, дгглллæйы хицауад рагæй нал уыди дзмократ- уагыл арæзт, Бадилатæ цæм кæй бафтыдысты, уый тыххæй. Фыдздзаг рæстæджы уыдон быитон сæрибарæй цардыстгл. Раздзæуджытæн æв- зæрстой сгуыхт лæгты сæхи астæуæй. Уыдон уыдысты сæ сæрыл хæ- цæг æмæ тæрхоигæнæг дæр. Адæм цæ хастой барвæндонæй æмæ цын углцы фæтк нæдæр хæсыл нымад уыди, нæдæр цын фыдæй фыртмæ цыди. Уыцы бартæ цын лæвæрд уыдысты сесгуыхт хъуыддæгты сæ- раппонд^ сæ хорз нсм та цын цæ фидар кодта. Сгуыхт адæмæн сæ фæс- тагдæр, стæй сæ номдзыддæры зарæг ма кодтой хохыцæрæг адæм. Гар- никсыдон Æрæфыл кæм бафты, Стыр-Дыгурмæ бацæуæнæн йæ нарæ- джы, уыцы ран ын йæ ингæн нæ рохкæнынц нырдæр ма. Уый та зглмæй бæрæг у ’мæ ингæныл сагъд ис цъæх къалиутæ, стæй дзы хæссынц ны- вæндтæ. Ит’æн — дæргъæдздзон-тымбыл, æвæрд ыл ис дуртæ. Иæ цæ- гатварс дæр бирæ стыр къæйдуртæ сагъд — æндæр ысгуыхт адæмы ингаштæн æвдисæн. Уыдоныл фыст нæй, амад дæр не сты. Баднлаты 110
"рбацыды фæстæ урлцы ’гъдау нал кодтой. Æмæ Бадилатæ уыууыл ♦архайдтой, цæмæй, сæхи цы бафæида, уый кодтаиккой. Бадилатæ уыды- сгы дыууæ ’фсымæры — Мадзары ханы цотæй. Мадзар кугл фæпырх, уыйфæстæ бафтыдысты, сабырцардæй чи цардн, уыцы Дыгургоммæ ’мæ йæ хицæуттæ сысты. Уыцы ран цæ хорз ысуазæгкодтой, стæй хо- хыфахсæн йæ хуссаркъуымы ’рцардысты. Гарниксдоныкоммæ фæндаг кæцæй цыди, уым. Уыдон кодтой зæххыкуыст нарæгæн йæ бацæуæны пу мæгуыр æмæ чысыл гæппæлыл, дыууæсæдæ къахдзæфмæ ’ввахс й’ алыфарс. Ныр дæр ма ацы дзæгъæл бынат хуины Бадилацы хуым, .Æфсымæртæ цардысты нарæджы тигъыл, хъахъхъæдтой бацæуæн, æмæ вдьш уымæ гæсгæ адæм барвæндонæй хуынтæ кодтой сæ гуыбыны хар- дзæн. Уыцы фæтк фыдæй фыртмæ баззад. Иуæйиу цæуæнтæ хъахъхъæ- кын, стæй фидæрттæ мыггæгты бартыл нымад кæй уыдысгы, уыцы фæтк ма æз Гуырдзыстоны бирæ рæтты бафиппайдтон. Лæбурд æмæ тыхистыты-иу уыдон раздзæуæг. зтядысты, æмæ уый сæраппон сæ ис ысбирæ. Стæй сысты цæстыахадгæ. Æдых мыггæггæн сæ сæрылхæцæг Зыдысты ’мæ цæм уый руаджрл адæм сæхи здæхтой, алыран дæр дзырд- лзæугæ сæхи скодтой. Æмæ чысылгай-чысылгай Дыгуры хъахъхъæнæ- гæй адæмы сæр сысхы. Сæ тых куыд фылдæр кодта сæ фæдонт[ы фæр- цы, афтæ фылдæр кодтой сæ домæитæ дæр. Кæсæгимæ сæхи кæй ыс- бастой, семæ хæстæджытæ кæй кодтой, уый фæдыл, уыдонау, æлдары бартыл хæцын байдыдтой æмæ сæхи æлдæртты ’мсæр хуыдтой. Уыдон куыд дзырдтой, афтæмæй цын æлдары баргæ радта Гргчъы паддзах, стæй баххуыскодтой Гргчъы ’фсæдтæн Казказы хæхтыл ацæуыны тых- хæй, перс цын хуссараарс бнрæ рæстæгмæ сæ фæндæгтæ куы сæхгæд- той, уæд. Хъуыддаг æцæгæй! дæр йæхи афтæ амыдта ’мæ Дыгуры хис- тæртæ рацыдысты хистæр æфсымæрæн, Бадилатæ та — кæстæрæн. Дзырдтой, хисгæр æфсыхæр дам, бадти иу рæсугъд бæхыл, кæстæр та — хæргæфсыл. Диссагдæр æмæ кадджындæр цæм уыди хæргæфсыл- бадæгæй бæхылбадæг. Хæргæфс та кадджын уыди Мадзары. Хистæр баздæхт æмæ ацглран хæргæфсыл ысбадт — уый хуыздæр арæхст хæх- ты. Кæстæр та хъалбадт ыскодта хистæры бæхыл æмæ йын уæлдай кад уыд уый тыххæй адæмæй. Уый уын æмбиссндæн дзуринаг! Хъуыддаг та æцæгæЛ дæр афтæ рауадаид, æмæ хистæр адæмимæ æмуддæр æр- цард æмæ райдыдта зæххыкуыст. Кæстæр та хатти быдырты. Зыдтой йæ Кæсæджы. Ракуырдта кæсгон æлдары чызджы ’мæ йæ фыдздзаг усы æд сывæллæттæ кусæджы бынаты ’рывæрдта. Уыцы устыты хонын байдыдтой хъуымыйаг, сæ зæнæджы та — тумæадæмыхатт. Сæ номыл- устыты зæнæг бирæ устытæ хастой æмæ уый руаджы стыхджын фæс- тегмæ ацы адæмыхатт. Номылустыты зæнæг Бадилатæн уыдысты сæ салдат æмæ сæ сæрылхæцæг. Стæй цын сæ мыздмæ истой иварглхца, ;уома уыл нæ бар цæуы зæгъгæ,. Хай дæр цын-иу кодтой. Ноджы æцæг устыты зæнæгæн, æвæрд, цыл цы хъалон уыди, уымæй уыдыст^ы цыт- д’æнæг. Сайд ’рцыдаид (давд, йе ’фхæрд), уæд æй Бадилатæи фыстой 111
фарастæвæрæй, тумæйæн — æхсæзæвæрæн. Хистæртæн та æртывæрæй. Уыцы. уагыл арæзт æрцыдглсты иннæ уæлахиздзинæдтæ дæр. Фæлæ уыдон æппæт ныр фæткæн баззадысты нсг дуджы. Бадилаты мыггаг куыд фылдæргæнгæ цыд, афтæ фылдæргæнгæ цглд адæмы хъалон дæр. Стæй уæззаудæр кодтой сæ зынтæ. Æрмæст тумæадæмыхатт, хистæр- тæ ’мæ æнæуый адæм кодтой зæххыкуыст æмæ фосыкуыст быдыры арыхъхъытгы ’мæ уымыты фосджынтæ скодтой сæхи. Бадилатæн фæтк. нæ уыд, æлдæрттæм куыннæ уыди, афтæ зæххытыл хæцын æмæ фо- сыдзугтæ дарын. Фæлæ истой хъалои, стыгътой Дыгуры дзыллæйы. Дыгурмл та Кæсæджы руаджы фæуæлахиз ысты. Кæсæджы сæхимæ здæхтой, лæгæрттæ цын кодтой сæхи дзыллæйæ ахæмты ’мæ æдых, йе æнахъом чи уыди. Сæ ис, сæ бон та цын-иу сæхи бакодтой æмæ цæм кæсынкодтой сæ кусджыты. Кæсæгимæ кæй бахæстæджытæ сты, уый- фæдыл райстой пысылмон дин. Фæлæ уыйбæрц арф уидæгтæ нæма ауагъта сехсæи. Дыгур знаджыцæстæй кастысты Кæсæгмæ, уымæн æмæ ’фхæрды быниты уыдоны фыдæй уыдыстгл. Фæстаг ызглæсты, стæй. фæстаг хатт кæсæг н’ арæнтæм куы балæбурдтой, уæд Вадилатæ архайдтой, цæ:»тæй адæм дæр лæбурæг уыдаиккой кæеæгимæ иумæ. Стæй сæ Кæсæджы фарс тыххæй ныллæууынкæкынмæ хъазыдыстл. Бадилатæ бынаты куы нæ уыдысгы, Кæсæгæн к;уы ’ххуыскодтой, фыдздзаг хатт уæд баку ысты адæм. Æмæ Кæсæг бынтон саетлбынаты куы баззадысты. Балхъы- дсны был, уыйфæстæ Дыгур, цы уыдысты, уымæй баиукодтой сæхи тыхдзипады ныхмæ. Æмæ уыгр1 змæст нал банцад, цалынмæ, цы фи- дыды ксй кодтам, уый æрцыд, уæдмæ. Немыцаг æвзагæй йæ раивта ÆМБАЛТЫ ЦОЦКО Ленинград, 1932 аз. ~@ 112
Худындзæг ДЖУСОЙТЫ МАЙÆ * + * Бæппу уæй кæны худ æмæ йæ ’лхæнæг фæрсы: — Хорз лæг, цас кæныс дæ худ? — Хъарм худ у. — Цас кæныс дæ худ? — ногæй та йæ афарста ’лхæнæг. — Хъусджын худ у. Фæлдахгæ. Æлхæнæг æм рамæсты. — Хъарм у æви хъусджын у, æз дæ уымæй нæ фæр- сын, фæлæ цас кæиыс дæ худ? — Бухарæй йæ ’рбаластон. Æлхæнæг фæлыгъд. * * * Лæппу институт каст фæцис. Бавдæлд æмæ йæ дип- лом йæ фæдыл бабаста, афтæмæй тыргъты дыууæрдæм ратæх-батæх систа. Иæ уынæрмæ профессор ракаст æмæ йæ фæрсы: — Цы хабар у, цæуылнæ мæ уадзыс кусын? — Æз фондз азы дæргъы мæ дипломы фæдыл фæ- разгъор-базгъор кодтон, пыр та уый разгъор-базгъор кæнæд мæ фæдыл. * * * Гыццыл чызг йæ хъазæп чындзытæм кæсгæйæ ны- майы: — Фыццаг уал чындзы ацæудзæн Зарæ, стæй та Аллæ, фæстагмæ та ацæудзынæн мæхæдæг. — Æмæ æз та кæд ацæудзынæн чындзы? — фæхъæр ыл кодта йæ кæстæр æфсымæр. — Дзæха, абон мæ зæрды хъæдмæ суайын ис, æмæ мæм дæ хæрæг куы авæрис. Зæгъын, мæ хуытæн гуыр- къотæ рауидзон. 113
— Æмæ абон цы бон у? — Кæд сабат. — Уæдæ абон мæ хæрæджы найæн бон у. — Цы, цы?! Цы загътай? — Мах нæ хæрæджы алы сабатбон дæр найгæ фæ- кæнæм. @ ДЖЕХ ÆМÆ ДЗÆГЪГЪа Фысджытæ худынц КЪУЫДАЙРАГ КЪАХ Дзæуджыхъæуы бæгæнымæ лæгтæ рады лæууынц æмæ алы иыхас кæныпц, ахæм ран куыд вæййы, афтæ. Хуссайраг ирæт- ты кой дæр сæм рауад. Сæ иу хуссайраг нæ, фæлæ къуыдарг къуыдар кæны. Иузаман уыцы лæгæн йе ’рдиаг райхъуыст. — Ай-ай-ай! Æллæх! Ай циу?! — йæхи иуырдæм акъул кæ- * ны, иннæрдæм, фæлæ йын цыма исчи йæ къæхтæ зæхмæ зæгæл- тæй ныххуыдта, уыйау азмæлын йæ бои нал у.— Ай-ай-ай! Ай циу?! — Уый къуыдайраг къах у, къуыдайраг! — дзуры йæм, йæ* разæй чи лæууыд, уыцы уæйыгбæрзолд лæг æмæ йын йæ уæл- фæдтæ тынгдæр æрылвæста. Уый уыдис фыссæг Бекъойты Елиоз. НОГИРМÆ ФÆНДАГЫЛ Ногирмæ литературоп изæрмæ цыдысты Бекъойты Елиозг Хъайтыхъты Геор, Плиты Хадо. Фæсуарын фæндæгтæ, уынгтæ- тынг пыцъцъыф, ныллæхъир сты (уæд астæрд фæндæгтæ нæма уыд, хæдтулгæтæ дæр стæм хатт цыдысты). Елиоз фæсте аззад. 114
Геор æм адзырдта: «Нæ фæстæ Елиоз, Фæзынд ма йæ ныв: Чысыл нæу йæхи уæз, Стæй ноджыдæр — цъыф. ПРАСТИНАЙЫ АРГЪ — АБАЗИ Хъуыддæгты фæдыл Калачы сæмбæлдысты Дæбе, Хадо æмæ^ Хадзыбатыр. Изæрырдæм бацыдысты абанамæ. Хадо найæныи афæстиат. Йæ рацыдмæ дарæсласæны ног урс прастинаты тых- тæй бадыиц йæ дыууæ æмбалы. — Адон уыи кæм уыдысты? — Уæртæ сæ уыцы лæгæй балхæдтам. Абази йеддæмæ пæу. Хадо дæр бауад. Иу дзы æрбахаста, йæ рæбыны йæ æрæ- вæрдта. «Куы ма дзы райсин: не ’фсип фæбузныг уыдзæн». Бацыд æмæ ма дзы дыууæ сомы аргъ æрбахаста. Йæ буар тагъд-тагъд цæмæйдæрты асур кодта, атыхта йæ ног «æлхæд- тытæ» æмæ ратындзыдта. Дуаргæрон æп абанайы кусæг аурæдта: — Хорз лæг^ прасти.натæ кæдæм хæссыс? — Æмæ сæ уæхицæй куы балхæдтон... Хадо йе ’мбæлтты ахъахъæдта: уортæ æддæуæз лæууыпц, æмæ фырхудæгæй ныкъкъæдзтæ сты. 115
ног къухфыст Мысост арæх цыд рауагъдад «ИР»-мæ: архайдта, йæ къух- •фыст ын цæмæй мыхуырмæ тагъддæр арвитой, ууыл. Редактор Сергейæн-иу дзырдта: — Гъай ма у, æмæ... Йæ чиныг ын типографимæ куы арвыстой, уымæн та йæ дык- .каг райсом фæзынд æмæ редакторы стъолыл æрæвæрдта гæх- .хæттырæдзæгъд. — Уый та ма цы у? — фæрсы Сергей. — Ног къухфыст,— дзуапп радта Мысост. Ф