Text
                    Нæ равдысты фендзыстут
Джыккайты Мураты нывтæ.
! |


"1й»3&!Г/* Шж*м& * ’ гъ-ляга*"&*.’ -"> V. ; ,, ч^^^ой*;^ Издается с мая 1934 года ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ ЖУРНАЛ СОЮЗА ПИСАТЕЛЕИ РЕСПУБЛИКИ СЕВЕРНАЯ ОСЕТИЯ-АЛАНИЯ Главный редактор - Ахсар КОДЗАТИ Редакция Ответств.секретарь, проза — Борис ГУСАЛОВ Поэзия, драматургия — Казбек МАМУКАЕВ Общественный совет РусланБЗАРОВ, Гриш БИЦОЕВ, Анатолий ДЗАНТИЕВ, Фариза ДЗАСОХОВА, Елизавета КОЧИЕВА, Анатолий КУСРАЕВ, Наира НАКУСОВА, Камал ХОДОВ Владикавказ, 2003
^«^^^^■#^$^&^^ ШШШФ&ХЖИ. <УЖ< *Æ~/~ЖЙ.< V? ш Джиппы уагъд цæуы 1934 азы майæ фæстæмæ ЦÆГАТ ИРЫСТОН-АЛАНЫ РЕСПУБЛИКÆЙЫ ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ Сæйраг редактор - ХЪОДЗАТЫ Æхсар Редакци Бæрнон секретарь, прозæ — ГУСАЛТЫ Барис Поэзи, драматурги — МАМЫКЪАТЫ Хъазыбег Журналы æхсæны уынаффæдон БЗАРТЫ Руслан, БИЦЪОТЫ Гриш, ДЗАНТИАТЫ Анатоли, ДЗАСОХТЫ Фаризæт, КОСТЫ Лизæ, КЪУСРАТЫ Анатоли, НÆКУЫСАТЫ Наирæ, ХОДЫ Камал Дзæуджыхъæу, 2003
НОМЫРЫ ИС: ДАУЫРА ТЫДамир. Радзырдтæ АБАЙТЫ ЭДУАРД: 50АЗЫ АБАИТЫ Эдуард. Дымгæйы авдæн. Æмдзæвгæтæ 30 ДЗАНАЙТЫ Никъала. Хæстон фæндæгтæ — зындоны балц. Кæрон. 40 ХÆМЫЦА ТЫАлбег. Ме ’ртæ чъирийы. Æмдзæвгæтæ 58 РЕУАЗТЫВерæ. «Хæрзбон, æнцойдзинад...» 67 ХЪÆЦМÆЗТЫ Азæ. Æртæ æмдзæвгæйы 90 КОБЕСТЫ Зауырбег. Уынал. Æмдзæвгæ 92 ЦОКОЛА ТЫ Насырбег. Софя æмæ Ахмæты таурæгь 93 БУЛКЪАТЫ МИХАЛ: 75АЗЫ МАМИА ТЫ Изетæ. Миф æмæ æцæгдзинад фыссæджы аивады , 99 АРВИСТОН 114 «МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ 124 ИРОН ПОЭЗИЙЫ АНТОЛОГИ 133 185М-02-06-41-62 © Мах дуг № 11, 2003
ДАУЫРАТЫ Дамир РАДЗЫРДТÆ УÆЛМÆРДЫ... гæ райгуырæн хъæу куы ныууагътон æмæ горæтмæ цардагур куы ралыгътæн (кæд уый, кæйдæр загъдау, цардыл нымад у, уæд), ууыл тагъд сæххæст уыдзæн ссæдз азы. Иу дзырдæй, юбилей мын уыдзæн, æнкъард юбилей. Мæ зонгæтæй йæ кæмæндæр дзырдтон, æмæ мыл йæхи худæгæй схаста, цытæ, дам, нымайыс, æндæр дын ницы куыст ис. Мæхинымæр: «Ды горæты схъомыл дæ, нæ мæ бамбар- дзынæ». Æз та, цас хæстæгдæр кæны уыцы бон, 19 август, уыйас арæхæй-арæхдæр хъуыды кæнын, куыд æмæ йæ кæм арвит- дзынæн, ууыл. Рагацау уал мын бæлвырд у иу хъуыддаг: æрмæстдæр Хуымæллæ- джы! Сæумæрайсом схиздзынæн уæртæ Цæлыччы стырдæр къуыбырмæ æмæ дым- гæйы зарæгмæ хъусдзынæн, стæй донмон- дагæй ныддæлгоммæ уыдзынæн, дæлæ Туацъæйы хъамылты астæу чи бамбæхст, уыцы уазал суадоныл, уырдыгæй мæ фæндаг ракæндзынæн нæ хъæугæроны зæронд уæлмæрдыл, ам бирæ ис мæ къабæзтæй, мæ зонгæтæй, ме’мгæрттæй... Уæвгæ та дзы нырма хæрзæрæджы уыдтæн, мæнæ ацы радзырды сæр дæр, мæ зæрдæ дзы куыд фæрыст, уый тыххæй у, мæ зынаргъ кæсæг, мæ юби- лейы æнкъард бон куыд ацæудзæн, ууыл та ныхас нырма разæй ис...
/^Ч^^^^ Дауыраты Дамир Хорз ма йæ хъуыды кæнын, æрыгондæр ма куы уыдтæн, уæд мæ-иу горæтмæ хъæргæнæг куы’рвыстой, уæд мын-иу хистæр цы фæдзæхста, уый: «Хъусыс, лæппу, алы хæдзармæ дæр дæхæдæг бахойдзынæ, лæгæй лæгмæ алкæмæн дæр дæхæдæг зæгъдзынæ...» Ныртæккæ хъæуккаг хъæргæнджыты хæс дзæвгар фенцондæр ис: «Жигули»-йы сбад, рагацау цæттæгонд номхыгъд горæты зонгæ искæй къухы фæсадз, уыцы исчи телефоны цур æрбады, йæ амонæн æнгуылдзæй æрзилы... Мæнмæ дæр иу изæр афтæ æрбадзырдтой: «Нæ хъæуккаг Цæлыккаты Гацыр фæзиан, райсом æй ныгæнынц, мæнæ дæ номхыгъды æппæты сæрæй ныффыстой, æнæмæнг дæ цæуын хъæуы...» Æнæмæнг мын кæй у цæугæ, уый мын амонын нæ хъуыди, фæлæ мæ ’ппæты сæрæй цæмæн ныффыстой, чи мæ ныффыссын кодта, уый нæ бамбæрстон, хæстæг къабаз мын не’ййафы, мыййаг, Гацыр, кæд мæ мады афтæ бафæндыд — цалдæр хатты йын дзырдтон хæсты æххормаг азты-иу хъæу- гуывдты рæстæг (уæд ма арæх кодтой) Гацыр иннæ лæппутæй хъауджыдæр мæнæн фынгæй хæйттæ авæрдта... Диссаг сты, æвæдза, ацы мадæлтæ, ницы сæ рох кæны. Дыккаг бон, дард хъæуæй чи ’рцыд, ахæм мæрддзыгой адæ- мы ’хсæн æз дæр мæхи фæкодтон. Уыдон зианджыны дуармæ лæугæ дæр не ’ркодтой, афтæмæй кæугæ кæртмæ бацыдысты. Дæргъæй-дæргъмæ чырыны Гацыры фæлурс цæсгоммæ куы фæкомкоммæ дæн, уæд мæнæн дæр мæ цæссыгтæ рахъардтой, ногæй та мæ цæстытыл ауадысты фæсхæсты æххормаг азтæ, хъæугуывдты мæгуыр фынгтæ. Зианы фæдыл уæлмæрдмæ дæр ацыдтæн. Æрдæгфæндагыл мын чидæр мæ хæдоны дысыл дæлæмæ æрхæцыд, йæхимæ мæ ракæсын кодта. Фурти разынд, мæ кæддæры сыхаг, цинтæгæ- наг æмæ ныхасуарзаг сылгоймаг. — Мæнæ ма кæрдæгмæ æрхиз, горæты уыцы æнæхайыры асфальтæй нæма схъыг дæ? Æз йæ коммæ бакастæн, æнæуи дæр астæувæндаг нарæг уыдис, адæм кæрæдзийы бын бабырыдысты, чидæр мын дзы мæ фадхъулыл дæр æрлæууыд. Хъæрæй дзурæн нæ уыдис, фæлæ уæддæр мах амæлттæ кодтам, уый — фæрсгæ, æз — дзуапп дæтгæ. Марды куы рахастой, цæрдæг лæппутæ Гацыры уæззау чырын ингæны куы ауагътой, сыджыты сæххæтт куы сарæх, уæд та мын Фурти мæ дысыл рахæцыд:
РАДЗЫРДТÆ ^^^Ъ — Цом-ма, нæ зæронд мæрдтыл азилæм. Искуы ма сæ фед- тай?.. фурти фæндагамонæг, æз цалынмæ алырдæмыты ракæс- бакæс кодтон, уæдмæ уый аразæй, рагон, заууаты уагъд зæппа- дзы фалейæ та мæм йæ ныхас æрбайхъуыст: — Дæ пъири нæ бæззы, мæнæ ус, фæлæ дæ уæддæр пысы- раты бын афтæмæй куыд ныууадзон?.. Стæ-ма, кæимæ ныхас кæны, зæгъгæ, мæ цыдыл бафтыдтон. — Мæнæ Зæлуханæй зæгъын. Æппынæдзух дæр мæ-иу ме ’фсиныл ардыдта... Фурти хæмпæлгæрдджыты астæу ингæны цур дзуццæджы æрбадт, йæ цыбыр æнгуылдзтæ скатай сты, пысыраты ставддæр- ты зæнгтыл-иу ныддæвдæг — судзгæ та йæ куыннæ кодтой. Æз дæр ингæны уæлхъус æрлæууыдтæн, марды къаммæ нымдзаст дæн. Фурти, мæхæдæг æй кæй нæ бафæрсдзынæн, Зæлуханы ардыды сæр-иу цæй тыххæй уыдис, уымæй, уый куы бамбæрста, уæд мæм хæрдмæ скаст, йæ цъæх цæстытæ цымыдисæй дзаг: — Нæ сыхы чындзытæй йе сæфт уыдта. Уайтагъд-иу ме ’фси- ны хъусы рæбын алæууыд: «Дæ чындз та тигъыл кæимæдæр сусу-бусу кæны, де ’вастæй кæмæндæр ссад авæрдта...» Æз дæр, цымæ, уыдоны карæнтæй ахæм уыдзынæн? Бындзарæй цы кæрдæджытæ срæмыгъта, уыдон йæ уæр- джыты цур уайтагъд ацъупп сты, рогæн сæ фелвæста, акъацийæ конд цырты чъылдыммæ сæ æрæвæрдта, разырдыгæй чи бацæ- уы, уымæ куыннæ зыной, афтæ, йæ армытъæпæнтæ кæрæдзиу- ыл ныццавта æмæ та дарддæр ацыд, ныр мæм æрдæбонæй хæстæгдæрæй йæ ныхас райхъуыст: — Мæнæ ацы чызг та йæ фырæнæзондæй æмгъуыдæй раздæр йæхи мæрдтæм батардта. Афонмæ дæр ма цæрид, фæлæ иуы ныхасмæ дæр нæ байхъуыста. Диссаг нæу, цард дæм афтæ уæ- лæнгай æвæрд уæд?.. Мæнмæ сидти Фурти, мæнæн дзырдта уыцы уайдзæфы ныхæстæ. Æхсынцъы бæласы къалиутыл иуварс ахæцыдтæн æмæ мæм сау мрамор цыртæй нымдзаст сты... æгас Хуымæллæг дæр йæ рæсугъддзинады тыххæй сомы кæмæй кодтой, ахæм хæрзуынд æмæ хæрзконд чызг нæм нæ тъымы-тъымайы дæр нал уыдзæн æмæ æндæр хъæумæ радтынмæ æвгъау у, зæгъгæ, æппæтзонæг æмæ æппæтфенæгдæр хистæртæ кæмæй дзырд- той, хъазты фидауц чи уыд, фæлæ цардамонд гадзрахатæй кæ- уыл рацыд, уыцы Уæздинцæйы хъоппæг цæстытæ.
^8^^^^^. Дауыраты Дамир Æз сагъдауæй баззадтæн, æнæнхъæлæджы мын уыд ацы фембæлд, Фурти та мын йæ гыццыл æнгуылдзтæй иуварсмæ цыдæр амыдта, цыдæр ма мын дзырдта, фæлæ йæ, зæххар- дыстæн, æз нал бамбæрстон... Ард бахæрын мæ ничи домы, фæлæ йæ зонын, ацы цыбыр радзырд кæсæджы æппæты фыццаг цы базонын фæнды, уый — цæмæн загъта Фурти афтæ: «Мæнæ ацы чызг та йæ фырæнæ- зондæй æмгъуыдæй раздæр батардта йæхи мæрдтæм». Уымæ дæр бахæццæ уыдзыстæм, æцæг уал раздæр уыцы уысм уым, уæлмæрды астæу, мæ цæстытыл чи ауад, кæддæры уыцы нывтæ кæрæдзийы фæдыл... ... Дæлæсыхаг чызджытæ-иу фæскуыст сæ рувæнтæ хæлд куыройы сисы рæбын банцой кодтой æмæ-иу урс бæлæттау се уæхсчытыл хъазæг хуры тынтимæ малы скуыси сты, хæрис бæласы даргъ дзыкку къалиутыл-иу æрдзедзыкка сты, хъарм уылæнтæ сын-иу сæ хъазæн ныхас æмæ сæ фæллад хъæдын хиды бынты дæлæмæ ластой. Чызджыты æрбацыдмæ-иу ме ’мкарæн лæппутæ сæхи доныбылты уæлдæр систой, Куыдзиа- ты мал кæй хуыдтой, уырдæм. Иу изæр та нæм уырдæм йæ бæхуæрдонимæ бацыд уæлæсыхаг, махæй иу дæс азы хистæр лæппу, колхозы хыгъдхæссæг Баса. Ардæм быдырæй æрбаз- дæхы, феуæгъд кæны йæ бæх, малы дæллаг кæрон æй цынайы, мæнæн дæр æй цалдæр хатты бабар кодта, стæй йæ доныбыл- ты хизынмæ ауадзы, йæхæдæг та былæй йæхи уылæнтæм фех- сы. Уыцы изæр цæмæндæр донмæ нæ тагъд кодта, уыд хъуы- дыдзаст, хъарм дуры сæр дæле хæрисбæласы бын чызджыты хъæлдзæг хъæлæбамæ хъуыста. Мах йæ къæхты бын змисыл куы атылдыстæм, уæд нæм иу уысм мидбылхудгæ фæкаст, стæй нын сæрæй хæлд куыройырдæм ацамыдта: — Уæ малæй та уæ ратардтой? Мах ын мидбылхудтæй дзуапп радтам. — Ныртæккæ сæм бæрæг уыдзæн! Баса дуры сæрæй æргæпп ласта, бæхуæрдоны гуыффæйæ цæвæг фелвæста, дæлбылы дурæппарæн дзыхъхъы йæ цъæх- цъæхид пысыратыл бауагъта, сагойæ сæ дыууæ цъупдзагæй дуры сæр æркалдта. —*• Ацафон сæ тæккæ судзагæй вæййынц. Мæнæ сæ афтæ донмæ калут... Дыууæ æнгуылдзæй-иу пысырайы фæлмæн сыфыл ныххæц, уылæны æвджид æй бакæн. Цыма-иу донæн йæхи дæр судзгæ
РАДЗЫРДТÆ у^Г^^З’ кодтой, афтæ мæм каст, алы æппæрсты фæстæ мыл-иу зыр- зырæг бахæцыд, фæлæ уæддæр уыцы цымыдисæй кастæн, ныртæккæ цы уыдзæн, уымæ. Доны уæлцъар пысыратæй цъæх- цъæхид адардта, уылæнтæ сæ размæ схуыстой. Бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд, уайтагъд чызджыты хъæлдзæг худт, сонт хъæртæ æмæ цъæхснаг хъыллистытæ райхъуыст. Уалынмæ куы- ройы сисы сæр алæууыд Уæздинцæ йæ урс къабайы, йæ тым- был къухæй нæм бартхъирæн кодта, фæлæ йын цæмæндæр уæлдæфы ауыгъдæй баззад, ныхас дзы нал райхъуыст, уай- тагъд сисы тигъæй фæаууон. Баса бæгъæввад æмæ бæгъæмсарæй дуры сæр джихæй лæууыд, Кæрдзыны хъæды сæрмæ хуры цалх æрцауындзæг, йæ арты базыртæ лæппуйы цæсгомыл кафыдысты. Дыккаг изæр дæр та нæм Баса фæзынд, ныр та йæ уæрдоны гуыффæйæ быдираг дидинджытæ систа хъæбысыдзаг, уыцы хъарм дуры сæр та сæ æркалдта, сырхытæ, урсытæ, цъæхтæ... Æз мæ уæрджыты онг доны бацыдтæн, уылæнтыл сæ радыгай хъавгæ æвæрдтон. Баса та дæлæмæ каст, хæрисбæласы къалиу- ты бын æмбæхст малмæ. Бирæ æнхъæлмæ кæсын та нæ нæ бахъуыд, чызджытæ æмгуыппæй сисы сæр алæууыдысты, Уæз- динцæ та йæ урс къабайы, сæ алкæй къухы дæр дидинджытæ, хæрдмæ сæ куы систой, куы сæ батылдтой, уæд се ’ртæхтæ стъалыты дзыгуыртау зæхмæ згъæлдысты, хаугæ-хауын-иу уæлдæфы дзæнгæрджытæ фестадысты... ... Сентябры фыццаг бонтæй иуы скъолайы кæргæй куыд рахызтæн, афтæ мæм уынджы фаллаг фарсæй Баса йæ къух фæтылдта, мæ бацыдмæ йæ бæхуæрдоны фарсыл фæйнæгдзыпмæ нывнæлдта æмæ дзы сырх-сырхид фæткъуытæ систа, мæ хæцъилын хызыны мын сæ ныккалдта. — Уыдон дæуæн, мæнæ ацы фыстæг та дæ сыхагмæ рат- дзынæ... Цы мын æй базонын хъуыд: Уæздинцæйæ зæгъы. Куы фæраст, уæд ма мæм уæрдоны сæрæй радзырдта: — Æцæг дæ куыд ничи фена, афтæ! Æмæ бахудти. Никуы мæ ферох уыдзæн йæ мидбылхудт. Фæлмæн æмæ æнæхин. Уыцы фæззæг, зымæг зымæджы дæргъы, стæй йын суанг уалдзæджы дæр куыстон постхæссæгæй. Иу хатт нал фæлæу- уыдтæн, Уæздинцæтырдæм тигъыл куы фæзылдтæн, уæд, стæ- ма, уагæр æм цытæ фыссы, зæгъгæ, гæххæтт райхæлдтон:
(^То4^^^^^ Дауыраты Дамир «Изæры та нæм нæ хæрисбæлас æнхъæлмæ кæсы, фыццаг стъа- лыйы, дам, иумæ фенæм...» Ницы йын бамбæрстон, уæд ма, сусæг уарзондзинад цы у, уый нæма зыдтон, уый ныры æвдæмкъласонтæ сты æппæтзонæг. Гæххæтт Уæздинцæйы къухы куы фæсагътон æмæ тигъы онг куы рахæццæ дæн, уæд мæ цыдæр тых фæстæмæ акæсын кодта, мæ цин ын æнæзæгъгæ нал фæлæууыдтæн: — Æз ын дзы дыууæ рæдыды ссардтон! Чызгæн уый худæджы хос фæци, дзургæ ницы скодта, æрмæст мæм йæ амонæн æнгуылдз æвзидгæ батылдта. Мæнæн уымæй фæстæмæ бынтон, зæххардыстæн, мæ дзыхæй ницы сирвæзт, фæлæ уыцы «дыууæ рæдыды» кой æгас хъæуыл дæр ахъæр, иухатт мын мæ ахуыргæнæг уайдзæф дæр ма бакодта: «Искæй рæдыдтæ арынмæ дæу ничи амбулдзæн, дæхионтæ та нæ уыныс...» Баса та мæм нæ фæхæрам, йæ фæтæн æмæ уæззау армытъæпæн мын мæ мæллæг уæхскыл æрæвæрдта, раздæр мæ бауыгъта, стæй мæ йæхимæ æрбалхъывта. Ногæй та мыл баууæндыд, ногæй та мæ «постхæссæг» рауади. «Рæдыдты» хабар мæ мадмæ дæр байхъуыст, уайдзæфы ныхас дзы не схауд, æрмæст иу æхсæв хъуыдыты аныгъуылд, арф ныуулæфыди: — Дæ Баса бæргæ дзæбæх лæппу у, фæлæ куы нæ фена- монд уаид, Уæздинцæйæн, мæгуыр, уыцы æнæхайыры низæй тæрсынц... Катай федтон мæ мады фæллад цæстыты. Августы кæрон мын мæ мад, авд къласы каст кæй фæдæн, уыцы гæххæттытæ райста, мæ къухыл мын ныххæцыд æмæ мæ горæты фосы дохтыры скъоламæ радта, де ’дзард фыды бæсты, дам, хæдзар дарын дæумæ кæсы амæй фæстæмæ. Ахуыр дæр æмæ цæргæ дæр уым, æмдзæрæны. Нæдæр Басайы нал уыд- тон, нæдæр Уæздинцæйы. Фыццаг ахуыры аз мыл куы ахицæн, уæд горæты кæрон иу хæлддзаг автобусы нæхимæ рараст дæн, мæ хæдразмæ дыууæ дзураг усы бадт фæци, суанг хъæумæ сæ ныхасæй нæ банцады- сты, фыццаг сæм нæ хъуыстон, фæлæ Уæздинцæ, куы загътой, уæд сæм мæхи размæ баивæзтон. — Хæдæгай, Уæздинцæйы хабар нæ фехъуыстай? — Цы кодта?.. Комы уыцы уæлæсыхагæн? — Комынтыл ма у, мæгуыр. Хуыцау ын рæсугъддзинад рад- та, фæлæ йæ кæронмæ амондджын нæ бауагъта. Рак ын ссард- той йæ риуы.
РАДЗЫРДТÆ — Мæхæдзарыл! Йæ кæцы? — Йæ галиу. — Æвгъау уыд ахæм уды къæртты хуызæн чызг. Уæвгæ йæ удæн ницы тас у, йæ риу ын ралыг кæндзысты æмæ цæрдзæн. Иу æмæ дыууæ сылгоймаджы аирвæзт афтæмæй... — Уый бæргæ афтæ у, фæлæ йæ бæллæх уый мидæг ис, æмæ йæ риу лыг кæнын нæ уадзы Уæздинцæ. — Мæнæ диссæгтæ! Уæд цæуыннæ? — Цы хуызæн, дам, ма уыдзынæн. — Куыд цы хуызæн?! Уæд æппындæр риутæ бæрæг кæмæн нæй, уыцы сылгоймæгтæ та куыд фæразынц? — Сылгоймаг та йæ риутæй сылгоймаг у. Æз æй бæгуыдæр æмбарын Уæздинцæйы. Мæ дзыхæй дæр æй никуыма суагътон, фæлæ йæм мæхæдæг дæр хæлæг кодтон. Уыцы рæсугъд æмæ сæрыстырæй-иу уынгты куы æрцæйцыд, уæд-иу иууылдæр уымæ кастысты, йæ фæйнæ дæллагхъуыры та йæ тымбыл риутæ дыу- уæ сæрдыгон фæткъуыйау æрхауынæввонг. Уыдонæй иу йæ бынаты нал ис, зæгъгæ, уæд йæ уынд æмæ йæ конд æмбис къаддæр фæуаиккой... — Сылгоймаг цæмæй сылгоймаг у, уымæй нæлгоймæгты бафæрс, æмæ дын æй уыдон зæгъдзысты, нæ дæ фефсæрмы уыдзысты... Цот хæссынæн хъæуынц æмæ ма ныртæккæ уæлæ арæндоны йæ фыццаг сывæллонмæ дæр йæ риутæ чи раппары? Æлхæнгæ æхсырæй хаст сты ныртæккæйы сывæллæттæ, лæмæгъ дæр уымæн сты... Сæ быцæу сæхи цоты æнæниздзинады коймæ рахызт, дох- тырты дæр дзы уайдзæфты бын фæкодтой, Дзæгъæлкомы уы- гæрдæны кæрдæджытæй цал низы дзæбæх кæнынц, уыдон ны- майыныл схæцыдысты. Æз сæм нал хъуыстон. Мæ ныццыдмæ Уæздинцæ хъæуы нал уыд. Мæскуыйы, дам, сын хæстæг æрвад цæры, стыр бынаты кусы, уый йæм ссыд æмæ йæ йемæ аласта, хицауады уæлдæртæм кæм зилынц, ахæм рынчындоны йæ сæвæрдта йæ низы хатт ын ноджыдæр ма иу хатт сбæрæг кæнынмæ, æнæ операцийæ кæд аирвæзид... Ба- сайы та уыдтон. Колхозы бригадир Дзгойты Чермен мах хæдзарæн дæр рувынмæ нартхоры хуымы хай радта æмæ йæм мæ мадимæ цыдыстæм. Изæр та-иу иннæ лæппутимæ нæ фæндаг Куыдзиаты малыл ракодтам. Хæрисбæласы бын сафтид, чыз- джытæ сæхи кæм надтой, уымæн ничи ницы зыдта. Уыцы æнкъардæй-иу касти хъарм дуры сæрæй Баса куыройы сидзæр
/гтЧз» ^». Дауыраты Дамир ч!:^^^^ систæм, йæ уæрдоны гуыффæйы быдираг дидинджытæ нал ла- ста, дурæппарæн дзыхъхъы пысыратæ хæрдмæ ныггуыпп код- той, цæвæджы комæй нал тарстысты. Уæдмæ та фæззæг ралæууыд, ногæй та ахуыр, ногæй та — æмдзæрæн. Иу мæйы фæстæ нæм ныййарджыты æмбырд уыдис. Мæ мад дæр ссыдис. Куыддæр скъолайы кæртмæ бахызти, афтæ йæ бамбæрстон: «Цыдæр тыхстхуыз у, цыдæр кæны». Мæ ах- уыргæнджытæй иу — Дзерассæ дæр æй бафиппайдта, иуварс бæлæсты бынмæ баздæхтыстæм, зæронд хъæдын бандоныл нæ дыууæйы астæу æрбадт æмæ йæм нал фæлæууыд: — Кæд дæ фыртыл мæт кæныс, уæд хæрз дзæгъæлы. Сыгъдæг хъæуккаг лæппу дын у. Йе ’гъдауы тыххæй йæм ны- хасы ’рдæг дæр никуыма ничи скодта. Æз мæхæдæг дæр сидзæрæй схъомыл дæн æмæ иунæджыты бирæ уарзын. Дæ зæрдæ йæм мацæмæй æхсайæд... Мæ мад раздæр мæнмæ бакаст, стæй та Дзерассæмæ: — Амæн бæргæ нæ тæрсын... Ай цур æй дзуринаг нæ уыдтæн, йæ зæрдæ, зæгъын, куы фæрисса, фæлæ, цæй, ницы кæны, уæддæр æй æндæр искæмæй фехъуыстаид. Дæлæ нын хъæуы иу дзæбæх сыхы чызг ис. Мады зæнæгæй æз ахæм рæсугъд гуырд никуыма федтон. Фæлæ йæм мæнæ ацы æнамонды низ кæцæй æрцыдис? Йæ галиу риуы. Алыг дын æй кæнæм, зæгъгæ, æмæ марадз зæгъай, искæй коммæ кæса, цы хуызæн, дам, ма уы- дзынæн. Цæмæн хъæуы æгæр сæрыстыр уæвын дæр? Æмæ йын чи нæ лæгъстæ кæны! Сæ мыггаджы хистæртæ йæм сæ зонгуы- тыл æрлæууыдысты, уæддæр нæ басаст. Мæ амонд, дам, ахæм у. Диссаг у ацы хуыцау дæр, æвæдза, æгъатыр. Бæстыл чи нæма уыд, ахæм фидауцджын æй сфæлыста, стæй йæ æрдæгкалд ди- динæгау йæ зæнгтыл асæтт... Дæлæ ма йæ Мæскуымæ дæр дзæгъæлы аскъæфтой, рынчындоны фæрахау-бахау кодта. Ни- куы æмæ ницы. Афтæмæй йыл фæхæцæг дæр уыди. Уæдæмæ æдзух уымæй дæр нæу... Йæхицæн ын, æнхъæлдæн, ницы загъ- той, фæлæ йæ адæм хъус-хъус уасынц нымад мæйтæ, дам, кæнæ ахæсдзæн, кæнæ нæ... Мæ лæппуйæ къорд азы хистæр у, фæлæ хæлæрттæ уыдысты. Афтæ ма мын æй чи уарздзæн?.. Мæ мады зæрдæ суынгæг. Дзерассæ йын йæ галиу къух йе уæхскыл æрæвæрдта, йæхимæ йæ æрбалвæста: — Уымæй йын ма тæрс дæ лæппуйæн. Мæнæ дын æй ам иу йæхи хуызæн фыдуынд чызг æгæр бирæ дæр ма уарзы, хъæумæ ма дын æй ауадза.
РАДЗЫРДТÆ ^>^13) Ногæй та катай федтон мæ мады фæллад цæстыты, ахуыр- гæнæджы хъазæн ныхæстæ дæр æм нæ бахъардтой. Зымæджы фæлладуадзæн бонтæй иуы мæ мады бæрæггæнæг хъæумæ æрцыдтæн, нæ кæрты миттæ уынгмæ Æлбегаты донвæдмæ фæластон, стæй, зæгъын, иу къуыриваг ын суг асæт- тон, фæлæ тулдзы къодах æгæр фидар рауад, рæстæг мыл ныддаргъ, изæр мæ æрцахста æмæ мæ мæ мад уыцы афон цæ- уын нал ауагъта, афонмæ, дам, сосавæндæгтæ сцъенга сты ацы дымгæтæм, мæ зæрдæ дæм æхсайдзæни. Дыккаг бон райсом раджы хъæугæроны фæндагмæ куыд фæцæйцыдтæн уыцы хъызт-хъызтгæнаг митыл, афтæ хæлд куы- ройы цур хæрисбæласы бын кæйдæр архайгæ ауыдтон. Ацафон чи уа, зæгъгæ, мыл цымыдисдзинад фæтых æмæ хиды фале къахвæндагыл иуварсмæ фæзылдтæн. Уæздинцæ разынд йæ фыды кæрцы æмæ фæрæтимæ. Бæрзонд-иу æй фæхаста, ихы къæрттытæ иу зынджы стъæлфæнтау фæйнæрдæм фæтахтыс- ты, бæласы къалиу та-иу хæрдмæ фесхъиудта, зырзырæг-иу ыл бахæцыд, кæддæр æрæджиау-иу æрсабыр. Æз æппæтдæр бамбæрстон: малы дон дысон фыццаг хатт ныйих, йæ сæрмæ чи æрцауындзæг, уылæнтæ-иу æхсæвæй-бонæй кæмæй хъазы- дысты, уыцы къалиутыл дæр уазал нæ бацауæрста. — Мæнæ уацары бахаудтой мæ бæласы цæнгтæ æмæ сæ, зæгъын, куы фервæзын кæнин... Мæ къæхты хъæрмæ хæрдмæ скасти, йæ фæрæт ихмæ æр- уагъта, куы мæ базыдта, уæд мидбылхудт фæзынд йæ рæсугъд цæсгомыл. Йæ фæрæт ын истон, зæгъын, дæ бæсты æрцæвон, фæлæ йæ мæныл нæ баууæндыд, хъазæн ныхас загъта, фæрæты ком, дам, фехæлдзæн æмæ мæм мæ фыд хæцдзæнис. Ногæй та ихы къæрттытæ фæйнæрдæм тахтысты, ногæй та-иу ихы уацарæй чи феуæгъд, уыцы къалиу хæрдмæ фесхъиудта. Æххæст фæуа, зæгъгæ, йæ цуры лæугæйæ баззадтæн. Фæстаг цæф ма куы æркодта, уæд та йæ фæрæт йæ цæгатырдыгæй ихмæ æр- уагъта, кæрцы дысæй йæ фæтæн ныхы хид асæрфта, ныккаст мæм, цыдæр зæгъинаг мын уыди, æрæджиау æй загъта: — Уæ иухатты пысыратæ ма хъуыды кæныс?.. Кæддæры хурдзаст сæрды мæ ногæй æрцæрын кодта йæ иунæг фарстæй Уæздинцæ. — Дидинджытæ дæр ма дзы уыди, — мæ мысинæгты зæй ракалд мæнæн дæр. — Баса дын сæ æртыдта. Мæнæ сæ ацы тæккæ ран куы ахстай дæхæдæг...
/14Ч0 ^ .^ Дауыраты Дамир — Уыди, уыди... Басайы коймæ Уæздинцæйы мидбылхудт зæрдиагæй зæрди- агдæр кодта. Нарст къахвæндагыл хиды цурмæ куы æрхæццæ стæм, уæд мын йæ армытъæпæн ме уæхскыл æрæвæрдта, стыр фæнда- джырдæм мæ чысыл ассыдта, æвæццæгæн, мын æрæджы кæны, уый æмбæрста. Цалдæр къахдзæфы акодтон, хуыцау йæ зонæг, чи зоны, ссæдз, кæнæ дæс æмæ ссæдз, фæлæ æвиппайды сонт хъыррыстмæ фæстæрдæм фæкастæн. Мæнмæ згъордта Уæз- динцæ, мæнмæ ивæзта йæ цæнгтæ, йæхи мыл æрбаппæрста, хæкъуырццæй ныккуыдта, йæ риссаг цæссыгтæ мæ рустыл дæр æрлæсыдысты. Æрæджиау йæ зыр-зырæй банцад, мæ цæстытæм мын бакаст. Зына-нæзына йæ мидбылхудт фæзынд. — Бахатыр мын кæн, бахатыр мын кæн... Йæ зæрдæ та ногæй суынгæг, йæхи мæ атыдта. Уæд æй æз нæма зыдтон, фæстаг хатт ын кæй хъусын йæ хъæлæс, фæстаг хатт æй кæй уынын, уый... — Цы фæдæ, горæтаг? Мæнæ дæ иннæ сыхагыл дæр дæ къух авæр, йæхæдæг дын иу куы фæдзæхста... Мæнмæ та сидти Фуртийы цъæхснаг хъæлæс нæ хъæуы зæронд уæлмæрды арфæй... МÆ ФЫЦЦАГ СЫЛГОЙМАГ Кæд æмæ кæд уыдис уый, фæлæ мæ нæ рох кæны. Амæй размæ цы уацмыстæ ныффыстон, уыдонæй дзы иуы спайда кæнон, зæгъгæ, мæ-иу бафæндыди, фæлæ мын никуы рауади, кæд-иу æй тыххæй архайæг скæныныл дæр афæлвæрдтон, уæддæр. Нæ бакуымдта. Иунæгæй йæ фæндыд ферттивын... Уæд ма хъæуы цардтæн, скъола фæдæн каст æмæ инсти- тутмæ бацыдтæн. Мæ фыццаг сæрдыгон каникулты мæм мæ сыхæгты идæдз ус Зæли ссыд æмæ мын ныллæгъстæ кодта, мемæ, дам, уæртæ Гуырдзыстонмæ цом, иунæгæй фæндаг не ссар- дзынæн, ды уæддæр куы ницы кусыс, мæныл та мады хæс ис. Йæ чызг уым ахæстоны бадти. Нæ хъæуы уæд уымæй рæсугъддæр чызг нæ уыди, бæрзонд, хæрзконд, йæ сау-сауид дзыккутæ суанг йæ астæумæ æххæссы-
РАДЗЫРДТÆ ^^^<^1> т^^^^) дысты, иннæ чызджытæ æмæ йæм уыдоны мадæлтæ хæлæгæй мардысты. — Зæлийы лæгæй амонд нæ фæцис, йæ чызг уæддæр куы фæрæстмæ уаид, къæйных лæппутæ йын йе ’цæг хæдзар сса- рын уæд та куы бауадзиккой, — уарзта йын сыхæгты цæст. Нæ йæ бауагътой. Чызг скъолайы фæстæ горæтмæ афтыд, æмæ йыл уым, кæйдæр загъдау, уæндаг горæтаг лæппутæ амдзæгъд кодтой, йæ чызгон кад ын фехæлдтой, давыныл дæр фæцалх. Бахаудта. Æртæ азы æмгъуыдмæ йæ Гуырдзыстоны ахæстæттæй иумæ аластой. Сусæны мæйы иу фæссихор Зæлийы ахæстоны дуармæ ныу- уагътон æмæ иунæгæй дæргъæццон кæрты амы фысымуат агурæг араст дæн, æхсæвиуат уым хъуамæ кодтаиккам, æртæ боны æмгъуыдæй рацыдыстæм. Иуцасдæр ауадтæн, афтæ мæ тæккæ размæ фæзилæны фæцис цыппаруæладзыгон хæдзар, æцæг йæ фыццаг уæладзыг бæрзонд дурын сисæй нæ зынд, йæ иннæ уæладзгуыты рудзгуы- тæй мæм ныккастысты дуне æрыгон сылгоймæгтæ. Цыдæр тых мæ баурæдта, мæ мидбынаты сагъдауæй баззадтæн, æз дæр сæм хæрдмæ кастæн. Уыдон раздæр змæлгæ дæр нæ кодтой, стæй сæ иу мæнмæ йæ къух фæтылдта, ома ардæм ма рацу, зæгъгæ, иннæтæ дæр æй бафæзмыдтой, фæлæ æз æдзæмæй куы лæууыдтæн, уæд сæ иуцалдæрæй чи йæ урс-урсид зæнгтæ равдыста, чи та йæ бæгънæг риутæ. Тæрсгæ фæкодтон, æви æфсæрмы, уый абон дæр нæ зонын, фæлæ цæхгæр фæстæмæ фæзылдтæн, дуары цур уайтагъд балæууыдтæн. Зæлийы ныййæфтон милицæйы сержантимæ лæугæ. Уый мæн куы ауыдта, уæд мыл сбустæ кодта, æнæфæрсгæйæ, дам, кæртмæ цæуæн нæй. Æз дзурын ницы сфæрæзтон, фæлæ йын Зæли йæхи афхæрдта, уæд, дам, дæ дуаргæрон лæууын хъуы- ди, мах куы ’рбацыдыстæм, уæд дзы цъиуызмæлæг дæр нæ уыд — мæгуыр лæппу дын цы аххосджын у. Сержантæн уыцы ныхæсты фæстæ йæ тызмæгæнгас цыдæр фæци, телефонæй кæдæмдæр адзырдта, цалынмæ телефоны хæтæлыл хæцыд, уæдмæ йæ мидбылхудт нæ ахуыссыд. — Ныртæккæ уæм уазæгдоны хицау йæхæдæг рацæудзæн, — ацы зонинаг дæр нын мидбылты худгæйæ загъта. Уайтагъд нæ уæлхъус алæууыд бæрзонд, саулагъз сылгой- маг, мæнæй фондз-æхсæз азы хистæр уыдаид. Нæ гæххæттытæм
Дауыраты Дамир нын куы ’ркасти, уæд та уый дæр йæ мидбылхудт равдыста: — Æмæ ирæттæ куы стут! — сыгъдæг иронау ныддис кодта. — Æмæ уæ ардæм цы хуыцау ’рбахаста?.. 0, æвæццæгæн, ды Ларисæйы мад дæ? Хуымæтæджы æхсызгон нын уыди, не ’мзæххон кæй разындис, уый, фæстæдæр нын йæхæдæг радзырдта Дзæуджыхъæуæй, дам, дæн, Ирæ йæ ном, сывæллæтты цæхæрадоны, дам, куыстон сæргълæу- уæгæй, фæлæ тæрхондонмæ бахаудта, цыдæртæ, дам, бахордтай, ныр æртыккаг аз ис ам, иу уыйас та ма йæ хъæугæ кæны. Фæйнæ уаты нын радта не ’мзæххон цæрынмæ, йæхæдæг кæдæмдæр ауад æмæ Ларисæимæ ’рбаздæхт. Фыдхуыз, Хуым- æллæджы чызджытæ æмæ йын уыдоны мадæлтæ хæлæг цы даргъ дзыккутæм кодтой, уыдонæн сæ кой дæр нал уыд. Мад æмæ чызг кæрæдзийыл сæхи баппæрстой, ныккуыдтой, æмæ сыл уæд Ирæ дуар бахгæдта, мæ уатмæ ’рбацыд, мæ ба- комкоммæ сбадт æмæ мæ фарстаты бын фæкодта. Цы хабæрттæ ис Ирыстоны, Дзæуджыхъæу ма афтæ чъизи у, мæхи мыггаг мын базыдта, зонгæтæ йын дзы разынд, куыд сты, цы мигæнæг сты абон æмæ афтæ дарддæр. Уæдмæ æз ме ’муд æрцыдтæн, фæуæндагдæр дæн æмæ Ирæйæн, æрдæбон сылгоймæгтæ цытæ кодтой, сæ къухтæ мæм куыд тылдтой, уый радзырдтон. Æз кæронмæ дзырд нæма фæдæн, афтæ Ирæйыл худæг бахæцыд, хæстæг мæм æрбацыд, йæ даргъ æнгуылдзтæ мын мæ къæбæлдзыг сæрыхъуынты фæтъыста, хъæмпыхæлттау сæ азмæста, стæй мын мæ роцъо- йыл йæ иннæ къухы тæвд армытъæпæнæй схæцыд: — Ды сылгоймаджы буары хъæстæ кæдæй нырмæ нал фæдæ? Уæвгæ, дæ хуызæн дзæбæх лæппу ницы хъуаг æййафдзæн. Уыдон та афæдзгæйттæ нæлгоймаджы кинойы йеддæмæ хæстæгмæ уынгæ дæр нæ кæнынц. Ды сæ не ’мбарыс, фæлæ сæ æз æмбарын... Йæ цæстæнгас æнкъардæй æнкъарддæр кодта. Даргъ фæндагæй фæллад уыдтæн æмæ æхсæвы мæ сатæг хуыссæны уайтагъд афынæй дæн, фæлæ мын мæ дуарыл чидæр куыд æрбахæцыд, уый бамбæрстон, æхгæд куы разынд, уæд æй уæздан æрбахоста. Æз хуыссæгхъæлдзæгæй, чи у, цы у, ууыл нæ ахъуыды код- тон, æрдæгбæгънæгæй йæм ракастæн. Ирæ! Дуарыл мидæмæ ’рбахæ- цыд, йæ нарæг фæсонтæй йæ сæхгæдта. Фырæфсæрмæй хъæццу- лы бын фæстæмæ абырыдтæн, фæлæ мæ уæдмæ уый æрбаййæф-
РАДЗЫРДТÆ ^^^7) та æмæ хъæццул иуварс фехста, йæхи мыл æрбаппæрста, йæ тæвд риутæ мыл куы андзæвдысты, уæд цыдæр кодтон... Æрæджиау кæддæр не ’муд куы ’рцыдыстæм, нæ улæфт куы æрсабыр, уæд Ирæ хуыссæны рабадт, йæ тымбыл цæсгом йæ ар- мытъæпæнты бакодта, æрмæст ма мæм йæ даргъ æрфыг къахвæн- даджы фæзилæнау зынди. Зыр-зырæг ыл куы бахæцыд, уæд æй бабæрстон; кæугæ кæны... Исдуг нæ ничи ницы дзырдта, мæнæй ныхас не схаудзæн, уый Ирæ, æвæццæгæн, æмбæрста, фæразæй ис — Бахатыр мын кæн, лæппу... Æз дæр, абон дæм ахæстоны рудзгуытæй... Æз дæр уыдонæй дæн. Ам мæм салдæттæ тыххæй бырсынц, фæлæ æз Хуыцаумæ куывтон, искуы, зæгъын, иу ирон лæппуйы рауадз ацырдæм... Ирæ та мæм разылд, хæстæг та мæм æргуыбыр кодта, йæ тæвд риутæ та дыууæ рæгъæд кæрдойау æрзæбул сты, андзæ- выдысты мыл æмæ та ногæй цыдæр кодтон... Уыцы æртæ дзæнæтон æхсæвы куыд арвыстон, ууыл хицæн стыр радзырд ныффыссын хъæуы, уый мæнæ ныр æрæфтыд мæ зæрды — мæнæ мын ацы чысыл радзырд фыссын кæронмæ куы фæцæйхæццæ кодта, уæд. Сæргонд дæр ын æрхъуыды код- тон: «Мæ фыццаг сылгоймаг». Мæ къах мæ ахæстоны уазæгдонæй цæуыннæ хаста, уымæн Зæли æппындæр ницы бамбæрста. Фистæгæй стыр фæндагмæ куы рараст’стæм, уæд ма Ларисæ хъуыр-хъуыргæнаг сержанты цур лæууыди, йæхи цæссыгæй æхсадта, фæлæ мæнмæ уый ны- мады дæр нæ уыди, æз ын мæхинымæры арфæ дæр ма ракод- тон: «Æгайт-ма дæ, мæ рæсугъд сыхаг, ахæм къулбадæг чызг рауади, æгайт-ма ахæстонмæ бахаудтай...» Ирæ нæ фæдыл нæ ракасти, æмæ йæ уæд æрдæгфæндагыл æрхъуыды кодтон: уыцы фыццаг æхсæвы фæстæ-иу æй боны- гон æппындæр нæ федтон, йæхи мæм не ’вдыста, æмбисæхсæв- иу æрдæггом дуарыл кæлæнгæнæг усау æрбахæцыд, йæ гом уæхсчытыл-иу мæйрухсы хъарм тынтæ æрбахаста... Кæд æмæ кæд уыдис уый, фæлæ мæ нæ рох кæны. Амæй размæ цы уацмыстæ ныффыстон, уыдонæй дзы иуы спайда кæнон, зæгъгæ, æмæ мын никуы рауади, кæд-иу æй тыххæй схъайтар кæныныл дæр архайдтон, уæддæр. Нæ бакуымдта. Иунæгæй йæ фæндыд ферттивын. Нæ мæ ныууагъта... Ессентуки, мартъи, 1992 аз 2 Мах дуг № 11, 2003
Яв^^З^-, ДаУыРаты Дамир НÆЛГОЙМАДЖЫ ХЪАРУ Дыууæ хъуыддагыл тыхстæн санаторимæ цæугæйæ: иубы- натон уат мæм, зæгъын, куы æрхауид, куы нæ ’рхауа, уæд та мын æгæр дзураг æмбал куы нæ фæуид... Санаторийы сæйраг дохтыр, ныллæджытæ, мæстыдзаст сылгоймаг мæ дардыл дзурын нæ бауагъта, дæу хуызæн агур- джытæ, дам, бирæ сты, загъта, иубынатон уæттæ та æрмæстдæр — дæс, æмæ уыдоныл дæр мæхи бон нæ цæуы, суанг мæм Мæскуыйæ дæр ма сдзурынц, ахæм æмæ ахæм хицау фæцæуы, удæнцой йын скæнут, зæгъгæ. Уæдæ нæхи бынæттон хицауа- дæн дæр бæстæйы алы къуымты нозты хæлæрттæ бирæ ис, ардæм сæм бырынц æмæ бырынц, дзæбæх цæстæй сæм куы нæ ракæсай, уæд цы вæййы, уый зоныс, иудзырдæй, ныртæккæ дын мæ бон ницы у, уæртæ-иу регистратурæйы афæрс-афæрс кæн... Ме ’мдзæрин æмбал Яков фæрæстмæ, кæд æгæр мадзу- ра дæр ма нæ уыди, уæд. Искуы-иу хатт дзы-иу дзырд куы схаудта, уæддæр-иу йæ ныхасы сæр æрмæст сылгоймæгтæ уыдысты. Тæккæ фыццаг бон æй мæ уатмæ цы медицинон хо ’рбакод- та, уый йын хуыссæнгæрзтæ йæ сынтæджы æркалдта, цыдæр ныстуан ын загъта, стæй дыууæйæ дæр фæстæмæ ацыдысты, æцæг Яков уайтагъд фæстæмæ фездæхт: — Дæу йеддæмæ уал ам никæй зонын æмæ мæ фыццаг кур- диат дæумæ у: кæд дæм æмхæст æртыгай суаритæ ис, уæд мын иуцалдæр æфстау авæр, æз телефонæй адзурон... Мæ дзыппыты къуымты йын фондз минуты адзурыны фаг ссардтон. Мæн мæхи^ дæр кæдæмдæр ауайын хъуыд. Æнкъардæй йæ сæййæфтон. Йæ чумæдан æнæцъар базты сæр фæтъæпæн код- та, йæ дзаумæттæй кæй шифоньеры ауыгъта, кæй сынтæджы цур скъаппы лагъзы æфснайдта. Æз ын фыццаг йæ халасдзæф даргъ бецыкмæ фæкомкоммæ дæн, куыддæр-иу йæ сæр фæкъул, афтæ-иу сæрыхъуынтæ ру- дзынгæмбæрзæнау йæ цъæх цæстытыл æрхаудтой, фæлæ-иу сæ уыцы уысм йæ сæры змæлдæй сæ раздæры бынаты авæрдта, уайтагъд та-иу ын ногæй æрхаудтой, тыхсгæ та сæ куыннæ кодта. Фæстæдæр мын зæгъдзæн: «Сылгоймæгтæ мын æй бирæ уарзынц». Æнæуи дæр ын уындæй ницы уыд, йæ хæрзконд уæнгтыл сырх-сырхид хæдон, йе уæхсчыты хæстоны пъагæт-
РАДЗЫРДТÆ ^^^^9) тау фæтæн уаццæгтæ морæ цæппузыртимæ, йæ астæу æртти- ваг гæрзронæй æлвæст, йæ къæхтыл «Адидас»-ы дзабыртæ, урс-урсид. Бакæс æм, уæд ын радтаис 35 — 40 азы, фæлæ афтæ кæмæй фæзæгъынц, зæронд кæнын райдыдта, уый кæй нæ уырны, раст ахæм. Сахаты бæрц нæ ничи ницы дзырдта, фæлæ мæхинымæр, зæгъын, кæд афтæ хъуыды кæны «ды хистæр дæ, фыццаг сдзыр- ды хъæппæрис дæу у» æмæ йæм уæд нал фæлæууыдтæн: — Цæй, куыд у, адзырдтай телефонæй? Цыма йыл бирæ хъуыды кæнын хъуыд, уыйау мын æрæгмæ радта дзуапп. — Адзырдтон, фæлæ ницы... — Ома, куыд ницы? Нæ та батагъд кодта хуымæтæг фарстайæн хуымæтæг дзу- апп радтыныл. Уыцы æвæндон æмæ ’нкъардæй: — Йæ лæг систа хæтæл... Æз хъæрæй ныддис кæнынмæ хъавыдтæн, дæ усæн ма лæг куыд ис, зæгъгæ, хъазæн ныхас зæгъынмæ, фæлæ мæхи афо- ныл баурæдтон. Яков суанг æмбисæхсæвтæм йæ хуыссæны рафт-бафт код- та, фæлæ йæ нæ базыдтон, истæуыл тыхсти, æви хуыссæджы коммæ нæ касти, уый. Дыккаг бон мæ разæй сыстад, мæ разæй ахызт æддæмæ, æз аходæны агъоммæ суары дон нуазынмæ кæрты фаллаг кæронмæ тагъд кодтон æмæ йæ уæладзыджы дохтыры кабинеты цур лæугæ раййæфтон, нæ дæгъæл æм рад- тон, ме ссыдмæ та йæ хуыссæн æфснайдта, йæ сæр дæр мæм не схъил кодта, афтæмæй мæ афарста: — Иубынатон уат цæмæй къухы бафта, уый та кæмæй аразгæ у? Зæгъын, сæйраг дохтырæй, кæд лæгъстæ дæ сæрмæ хæссыс, уæд ын рынчын æфсон скæн... — Сылгоймагæн лæгъстæ кæнын мын удыбæстæ у, — йæ худын тыххæй урæдта Яков, — мæ фыдыфыд-иу куыд загъта, уый зоныс? Искæмæй исты куы курай, уæд — мæгуыргурау, искæмæн исты куы дæттай, уæд та Хуыцауау рæдау, парахатæй. Цæуын уæдæ сæйраг дохтырмæ... Суанг æй изæрмæ нал федтон, фæлæ йын йæ хъæлæс сæрма- гонд хинайæнæй фехъуыстон, æрыгон медицинон хойæн цыдæр анекдот дзырдта, чызджы цъæхснаг пырыкк æгас тыргътыл дæр айзæлыд.
(Ш^&^--^ Дауыраты Дамир Æхсæвæрмæ ацæуыны размæ кæцæйдæр фæзынд, йæхи сын- тæгыл ауагъта æмæ ныхъхъус. Æз æм нал фæлæууыдтæн: — Цæй, цы бадæ, уатгур? Яков раздæр йæ бынаты базмæлыд, мæ фарстамæ æнхъæлмæ каст, уый йæ цæстæнгасыл бæрæг уыд, мæнырдæм разылд, йæ тæлфаг бецыкк йæ сæры змæлдæй йæ бынаты авæрдта: — Мæхиуыл дыууæ низы æрымысыдтæн, зæгъын, рагуалдзæг кæрдæджы тæф куы ракæлы, уæд суртæ райдайын, æхсæв та — æхситт хуыр-хуыр, мæ ус дæр мæ стыхст, æндæр уаты фæхуыс- сы... Дыууæйæ дæр æмхудт ныккодтам, Яков нæма банцад, æз та йын, мæ сыхаг Астейыл цы ’мбисонд æрцыд, уый ракодтон. Æртæ æмбалæй денджызмæ ацыдысты, иу цатыры цардысты. Иу æхсæв фæснозт Астейы хуыр-хуырæй мидæгæй фæлæу- уæн нал уыд, уыдон ын йæ хуыссæнтыл фæхæцыдысты æмæ йын æй æдде хуырдуртыл авæрдтой, бонырдæм къæвда фемæхст, Асте фехъал æмæ хабар бамбæрста. Цатыр зæхмæ хост цурчытæм цы бæндæнтæй баст уыд, уыдон кардæй аха- уын кодта. Йе ’мбæлтты цъæхахсты цур уылæнты уынæр ни- цыуал давта, стæй сын худынмæ рахаста... — Нæ хицау мын афтæ, ам, дам, дæ хуызæттæ бирæ ис, уæд, дам, иу номыры кæимæ цæрыс, уымæн радтин, уый фыссæг куы у... Иудзырдæй, сæфын, ирвæзы мын. Цæмæй сæфы, цы дзы ирвæзы, уый æрæджиау бамбæрстон: Мæскуыйы йын сусæг уарзон ис, æмæ йæ ардæм хоны. Цымы- дисаг мын сси, дарддæр хабæрттæ куыд хæлдзысты, уый; зæгъын, кæд дзы ног радзырды фаг æрмæг «ратæдзид» æмæ сæрмагонд боныг хæссын райдыдтон. 17 февралы 1991 аз... Сихоры хæрды фæстæ дуарыл куы ’рбахæцыд, æмæ гом куы разынд, уæд йæ цины хъæр йæ разæй фæцис: — Кæдæй-уæдæй йæм бахаудтæн... Цы мын зæгъы, уый бамбæрстон: аныхас кодтой телефонæй... — Æмæ куыд у, бацин дыл кодта? — Цытæ дзурыс? Йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп мæм хъуысы- ди, мæхи ныхæстæй та телтæ куы сзынг уой, уымæй фæтарстæн... — Ау, афтæ бирæ йæ уарзыс? — Кæй, Хейдийы? Хæзгул сылгоймæгты æрмæст хуыссæны фæуарзынц. Зæрдæ мын бавæрдта, иннæбон та, дам-иу, æрдзур
РАДЗЫРДТÆ ^уя^ГЙ æмæ мын уæд бæлвырд дзуапп ратдзæни ацæуыны тыххæй. — Хейди, — уый йæ ном у? — Цы кæны, дæ зæрдæмæ нæ цæуы? Æгас Мæскуыйы, стæй, æвæццæгæн, Уæрæсейы дæр иу ахæм ном йеддæмæ нæй. Стæй ма цæмæй хорз у, уый зоныс? Мæ фыны йæм цалдæр хатты йæ номæй сидтæн æмæ мæ-иу райсомæй нæхион баййардта, чи, дам, дын у уыцы Хейди. Зæгъын, уый, фæсарæнты згъæр кæм фыцынц, ахæм пец у... Уыцы рæстæг мæ диссертацийыл куыс- тон æмæ афтæ фæцарæхстæн. — Омæ кæд æнæ сылгоймаг нæй, уæд мæнæ нæ галуаны замманай сылгоймæгтæ дуне куы ис... — Хейдийæ хæс дарын. Нæ уарзын хæс дарын... 18-æм февралы, æхсæвы... Æфснайд хуыссæнтыл уæлгоммæ хуыссы, йæ къухтæ йæ сæры бын, цармæ ныдздзагъыр и. Ме ’рбацыд цыма зонгæ дæр нæ бакодта, уыйау йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта, цалынмæ мæ дзаумæттæ ивтон, уæдмæ хъусæй лæууыд, стæй, мæ къухтæ ’хсынмæ куы фæзылдтæн, уæд мыл фæсте йæ фарст фехста: — Абондæргъы цæуыл хъуыды кæнын, уый зоныс?.. Доны сонт хæл-хæл баурæдтон. — Нæ санаторийы сылгоймæгтыл. Афтæ мын нæ загътай, замманайтæ дзы ис, зæгъгæ? Нæй. Мæ цæст сыл ахастон. Чи дзы ис нывылдæртæ, уыдон та сæ лæгтимæ... — Æмæ ды дæхæдæг дæ усы иунæгæй рауадзис ахæм ранмæ? — Нæ рауадзин! — Исдуг фæхъус, стæй фемæхст. — Уæвгæ та йын ницы тас у ам мæ усæн: никæй зæрдæ йæм бахъазид... Кæуылты у, уый зоныс? Мæкъуыл! Разы мæ нæу. Уæвгæ, æз, йæ лæгæй разы чи у, иунæг ахæм усыл дæр нæма сæмбæлдтæн. — Ахæмы хæссын дæр хъæуы... — Хæссын?! Иуæй-иу сылгоймæгтæн сæ конд ахæм у: куыд- дæр нæлгоймаджы хъæстæ фæвæййынц, афтæ фæйнæрдæм ахæцынц... Хейди та уыдонæй нæу. — Уæдæ цавæр у? Яков схъæрзыд, арф ныуулæфыд, стæй йæ къух ауыгъта, фæстæмæ йæхи уæлгоммæ аппæрста, йæ цæстытæ æрæхгæдта. Æвæццæгæн, Хейди йæ цæстытыл уадис. 19 -— 20 февралы, сабат æмæ хуыцаубоны... Хуыссæны та йæ уæлгоммæ хуысгæ æрбаййæфтон.
ГН^^с -«г>. Дауыраты Дамир Мæнырдæм куы разылд, уæд æй йæ цæстæнгасæй бамбæрс- тон: цыдæр хорздзинад ыл æрцыд. Куы ницы йæм дзырдтон, уæд йæхæдæг нал фæлæууыд: — Æрцæудзæни!.. Ардæм æй хъæуы... Йæ цæстытæ цæхæр калынц, йæ даргъ цæстыхаутæ скатай сты. — Æмæ йæ лæг та? Нæ йæ базондзæн? — ныддис кодтон æз. — Йæ лæг? Хейди йæ лæгæй куыд фæзæгъы, уый зоныс? Худæгæй мары... Сылгоймæгты абанамæ, дам, æй куы бауа- дзай, уæддæр, дам, дзы никæмæн ницы тас у... Йæ фу æгæр раджы суагъта. Хемингуэй куыд фыста, уыйау... Усæн, дам, йæ лæг дыууæ хатты амæлы. Фыццаг хатт куыд нæлгоймаг, дык- каг хатт та куыд адæймаг... Яков ныккæл-кæл кодта, мæнмæ та уый худæг нæ фæкаст, хъуыдытыл мæ бафтыдта... Дыккаг бон фæссихор бæрз бæлæсты бын дæргъæй-дæргъмæ бандоныл сылгоймæгты астæу бадти, цыдæр сын дзырдта. Æз сæ цурмæ куы бахæццæ дæн, уæд æмхуызонæй цæуылдæр ных- худтысты. Кæд мæныл худынц, зæгъгæ, сæм фæстæмæ ракастæн. Яков мын, æвæццæгæн, мæ катай бамбæрста æмæ мæ фæдыл рацыд: — Хъусыс, дæхимæ йæ ма бамбар, — худы мæм Яков, — иу анекдот сын радзырдтон æмæ сæм хорз фæкаст, сæ дзыхтæ нал æхгæнынц. Дæуæн æй нæма дзырдтон? Кæд мын æй дзырдта, уæддæр нæ зонын, цыфæнды анекдот дæр мæ уайсахат æрбайрох вæййы. — Эксперимент хуыйны ацы анекдот, — мæ дзуапмæ мын нал банхъæлмæ каст Яков. — Иу сакъадахмæ арвыстой иу сыл- гоймаг æмæ сæдæ нæлгоймаджы, иннæ сакъадахмæ та иу нæлгоймаг æмæ сæдæ сылгоймаджы. Мæйы фæстæ сæ бабæрæг кодтой. Иу сылгоймаг æмæ сæдæ нæлгоймаджы кæм уыд, уым сæ бацæуæнтæ сыгъдæг, фæндæгтæ марзт, зылд. Хъусынц ныхас — сылгоймаг нæлгоймагæн: — Цай мын æрбахастай? — О. — Тæвд у? — Нæу, цалынмæ цыдтæн, уæдмæ фæхъæрмуст... — Иннæ хатт ма мæм уазал цайимæ куы ’рбацæуай, уæд дæ рад æвдæмæй æвдаймæ агæпп ласдзæн!
РАДЗЫРДТÆ ,<<^^7Р}) Иннæ сакъадахмæ дæр бацыдысты — иу нæлгоймаг æмæ сæдæ сылгоймагмæ. Уырдæм бакæсынæй диссагдæр ницы уыд: бырæтты бын фесты, къаххафæнтæ фæлдæхт, уисæйттæ æппæрст. Кæсынц, æмæ нæлгоймаг бæласы цъуппыл бады, бынæй йæм сылгоймаг хъæр кæны: «Æрбыр дæлæмæ, ныр æнæхъæн сахатырдæг дæ фæллад уадзыс, æгæр дæр ма дын у». Æз ын йæ анекдотыл нæ бахудтæн. — Нæ йæ бамбæрстай?.. Цæуыннæ худыс? Х-удгæ изæрæй фæкодтам санаторийы клубы. Æвдыстой нын кино «Кому на Руси жить хорошо». Уалдзыгон изæр, чындзæхсæв, расыг адæм, рæсугъд чындз æмæ йæ мой. Адæм кафынмæ куы фесты, уæд лæппу йæ ног усыл фæхæцыд, дыргъ- донмæ йæ раскъæфта, бæласы бын æй йæ быны анорста... Уалынмæ сæ алыварс æрзылд дынджыр сырх бохъхъырджын уасæг, стæй лæппуйы бæгънæг æмæ тæлфаг фæстагæн цыргъ бырынкъæй — къупп... Ныцъцъæхахст кодтой лæппу æмæ чындз, æрдæг бæгънæджытæй фæйнæрдæм атылдысты. Адæм хъæлæсыдзагæй кæл-кæл кодтой, мах та йыл нæ уаты дæр бафтыдтам, нæхи худæгæй схастам. Загътон, афтæ зæрдиагæй фæхудты фæстæ уайтагъд афынæй уыдзынæн, зæгъгæ, фæлæ мын Яков мæ хуыссæг асырдта. — Ам арв бæрзонд у, цъæх-цъæхид... Махмæ, Мариуполы та ныллæг вæййы, хæрз ныллæг, денджызы уылæнтыл æрæндзæвы... Хейди дæр æм удæст къæйдуры сæрæй æххæссы- ди, йæ даргъ хæрзконд гуыр æм-иу сивæзта... Ды искуы зыбы- ты бæгънæг сылгоймаджы цæлхыдзаг мæймæ йæхи ивазгæ фед- тай? Ууыл ныхъхъус. Загътон, æмæ ныр ницуал сдзурдзæни, фæлæ фæрæдыдтæн: — Иу хъуыддаджы мын дæ бон баххуыс кæнын у? — Кæд мæ бон уа, уæд — табуафси... — У, у... Хейди куы ’рцæуа, уæд нæ иу æхсæв иунæгæй ныууадз... Сразы дæн, уæдæ йын цы кодтаин. Яков мæ арфæты бын фæкодта, стæй мыл йæ сусæг мысинаг баууæндыд — радзырд фысгæйæ дзы спайда кæндзынæн: — ... Нæлгоймаг сылгоймагимæ зыбыты иунæгæй куы баз- зайынц, уæд нæлгоймаджы æнтыст цæмæй аразгæ у, уый зоныс? Уавæртæй, уавæртæй! Куы йæ зонай, ацы дун-дунейыл сымах
^^д^х Дауыраты Дамир йеддæмæ ничи ис, ничи уæ бахъыгдардзæн, уæд нæлгоймаджы хъару фæдывæр вæййы. Сылгоймаг адджын тых уарзы, хъуамæ ахæм уысм йе стджыты къæс-къæс цæуа... Иухатт мыл цы ’рцы- ди, уый зоныс? Мариуполы бынмæ дын иунæгæй мæ фæллад уагътон, мæ «Жигули»-иу былгæрон сæвæрдтон, æхсæв-иу дзы батылдтæн. Мæ цуры та цатыры дыууæ мæскуыйаджы — гыц- цыл лæппу æмæ йе ’рыгон мад. Хейди! Фæстæдæр мын басæтдзæн, мæ лæг, дам, мыл иунæгæй не ’ууæидыди, æмæ са- бийы хъахъхъæнæг рарвыста. Зæгъын, уый дын цавæр лæг у, сылгоймаджы удысконд куыннæ ма базыдта. Сылгоймаг хæзгул ссарын куы скæрда, уæд æй дæс хъахъхъæнæджы дæр нæ бау- ромдзысты. Хейдимæ та уым денджызы был хурсыгъд лæгтæ, æвæллад лæгтæ гæппæй бадтысты, йæ алыварс зылдысты, æмæ загътон, мæнмæ ’рхауынæй тас ын нæу, зæгъгæ. Æрдз мын бах- хуыс кодта! Æхсæвы уад сыстад, хуылыдз дымгæ къалиутæ са- ста, цырæгътæ ахуыссыдысты, æмæ бæстæ ныттар. Иу заман мæм сылгоймаджы хъæр фехъуыст, стæй мын мæ машинæйы сæр ныххостæуыд. Хейди! Йæ лæппу йæ къухты. Машинæйы бандæттæ фæстæмæ афæлдæхтон, сылгоймаг мæнырдыгæй, лæппу кæронæй. Дыууæйæ дæр — донласт. Лæппуйы дзаумæттæ ныллæмæрстам, ме спортивон костюм ыл скодтам. Уайтагъд хъар- мы афынæй ис. Хейдимæ æрхатыдтæн, зæгъын, ды дæр дæ хуы- лыдз къаба ралас, ныллæмар æй. Нæ куымдта, стæй сразы, йæ буарыл ын баныхæст, дыууæйæ йæ тыххæйты раластам. Фæстæмæ йæ скæнын йæ зæрды уыд, фæлæ йæ æз нæ бауагъ- тон, мæ даргъдысджын фанел хæдон ын радтон. Раздæр мæм чъылдымздæхт уыди, стæй мæм йæхæдæг разылд... Уымæй фæстæмæ-иу лæппуйы искæй æвджид бакодтам, нæхæдæг-иу машинæйæ ацыдыстæм, нæ фале фæдзæхст пляж уыди хицауадæн, милицæйы сержентæн туман радт æмæ дæ мидæмæ бауагъта, уым та цъиуызмæлæг дæр нæй. Судзаг змисæн дæр бæгънæг сылгоймаг тынг фæразон у... Диссаджы сæрд арвыстон æз. Дзургæ дын æй цæй тыххæй ракодтон? Иннæ сæрд Мæскуымæ ’рбацыдтæн мæ куысты фæдыл æмæ йæм телефонæй бадзырдтон, хæтæл йæхæдæг систа, хатыр мæ ра- куырдта, ныртæккæ, дам, ардæм цæуæн нæй, мæ лæг, дам, нæхимæ ис, райсом-иу дæс сахатыл рацу, уæдмæ йæ куысты вæййы. Дыккаг бон уым балæууыдтæн, къæсæрæй куыддæр бахызтæн, афтæ мын загъта: «Дыууæ сахаты йеддæмæ нын амал нæй...» Хуыссæны йæхи куы ауагъта, йæ къуыпп риутæ
РАДЗЫРДТÆ ^р^^К) та куы ферттывтой, йæ дæргъæй-дæргъмæ урс зæнгтæ куы баз- мæлыдысты, уæд мын мæ зæрдæ мæ риуыгуыдыр рацæйтыдта, мæ сæр рацæйзылд. Мæ дзаумæттæ бæргæ феппæрстон, фæлæ уæдмæ мæ лæджы хъару æрбадæлдзæх, цыма уæвгæ дæр нæлгоймаг нæ уыдтæн. Цæмæн, уый зоныс? Иу æнæхайыры хъуыды мæ сæрымагъзы бабырыд æмæ дзы ратæрын нал куымдта. Афтæ мæм каст, цыма йæ лæг хæдзары алыварс зилы, зилы, зилы, мæнæ ныр дуар æрбахойдзæн, мæнæ нæ ныр æрбай- йафдзæн. Уыцы бæгънæгæй мæм фестади Хейди, йæ хъæбысы мæ фелвæста, хуыссæны бæстастæу мæ нытътъæпп ласта. Уыцы уысм мæ кæцæйдæр ныфсы цъыртт фæзынд, зæгъын, мæхи йæм куы нылвасон, мæ буар йæ тæвд буарыл куы аныдзæва, уæд фервæздзынæн, мæ хъарутæ мæм фæстæмæ раздæхдзыс- ты. Мæхи та сайдтон. Цы нæ мын фæкодта Хейди, уæддæр ницы... Пыхс мæ сæрыл рахастон уырдыгæй, фæхудинаг дæн, уæдæй фæстæмæ Мæскуыйæ дæр ма ме сæфт федтон, цалдæр хатты ма дзы уыдтæн, фæлæ йæм дзурын нал бауæндыдтæн. Ныр дæр мыл уыцы бæллæх ма ’рцæуæд... Фыдæнхъæл æй куы фæкæнон, уæд та мæ худинаджы хъæр нæ хъуысы?! Мæ хæс та æнæфыстæй куы баззайа... Нæ уарзын хæс дарын... Æз ын ницы дзуапп радтон, мæхи хъуыдыты аныгъуылдтæн, мæ цæстытыл уади Хейдийы лæг — тæригъæд ын кодтон, кæд, мыййаг, йæ усы хабæрттæ нæ зоны... Кæд сæ хъусы, уæд та ноджы тæригъæддæр... 20 февралы, къуырисæры... Аходæны фæстæ хæрæндонæй иумæ раздæхтыстæм нæ уатмæ, фæлæ дзы Яков бирæ нæ бафæстиат, кæдæмдæр ауад, уайтагъд фездæхт. Афтæ иу цалдæр хатты. Æнæнхъæлæджы мæ афарста: — Тамако дæм никуы ис? Зæгъын, никуы, никуы мæм вæййы — нæ йæ дымын. — Æз æй гыццылæй райдыдтон дымын, уадзгæ дæр ма йæ ныккодтон... Уалынджы нын нæ уаты дуар æрбахостæуыд, стæй дзы мидæмæ æрбакаст нæ уæладзыджы радгæс сылгоймаг. — Мæнæ уæ кæмæдæр тел... Яков æм фæразæй. Уайтагъд æй кæсыныл фæцис. Æмæ дын йæ цæсгом сырххъулон афæлдæхт. — Нæ йæ ’мбарын, цы зæгъынмæ хъавы, уый, — æрбадард- та мæм телы дæрзæг гæххæтт. — Ды ма йæ равзар...
(2^^^^ Дауыраты Дамир Æз дæр æй тагъд-тагъд мæхинымæр цалдæр хатты бакастæн: «Мæ бон дæумæ ацæуын нæу, æмæ мын стыр хатыр бакæн. Мæ бæсты дæм æндæр сылгоймаг фæцæуы... Хейди». Æз æй куыд бамбæрстон, афтæ йын æй загътон: «Йæ амал нæу, æвæццæгæн, чи зоны, йæ лæг æй нæ уадзы, фæлæ дæм йæхи бæсты æндæр сылгоймаг æрбацæудзæн; кæд афтæ хъуы- ды кæны, уæлдай йын нæу, зæгъгæ...» — Куыннæ мын у?! — йæ тымбыл къухæй æрцавта сынтæ- джы тигъ. — Мæн йæхæдæг хъуыди, æндæр сылгоймæгтæ ам дæр^ ис. Йæ тызмæг цæстæнгасæй бæрæг уыд: смæсты тынг Яков, хъыг ын уыди. Федде æмæ суанг изæрдалынгтæм нал фæзынд. Æхсæвæры размæ кæрты дæллаг кæронмæ суары дон нуазынмæ куы ацыдтæн, уæд æй уым ныййæфтон. Йæ цурмæ ма мæ цалдæр къахдзæфы скæнын хъуыд, афтæ Яков бынæттон те- атрмæ билеттæ уæйгæнæг зæронд лæгмæ бауырдыг: — Æндæр цы дзурай, уый дын нæй, хорз лæг? Нæ егъау бæстæйы æддæгмидæг ауадыстæм, иу хъæлдзæг ныхас нæ алы- варс нал хъусæм, ды та нæ цавæрдæр трагедимæ хоныс... Мах нæ фæллад уадзынмæ æрцыдыстæм æмæ нæ иу гыццыл худын дæр бауадз. Дохтыртæ нын æй амонынц... ... Уæлдæр кæй бакастыстут уыцы рæнхъытæ фæстаг уыдысты мæ боныджы, загътон, хъуыддаг фехæлд, радзырдæй ницуал ра- уайдзæн, фаг æрмæг ын нæ равзæрд, йæ сюжет нæ райхæлд, ноджы дыууæ боны дæргъы Яков дæр йæхицæй гоби сарæзта, сылгоймæг- ты кой дзы ферох, фæлæ мæм уæддæр мæ зæрдæ дзырдта: цыдæр æрцæуинаг у... Ноджы мын цымыдисаг уыд Хейдийы телы дыккаг æмбис: «...Мæ бæсты дæм æндæр сылгоймаг фæцæуы...» Æртыккаг бон мæ Яков клубмæ бацæуæны ацахста, мæ цон- гыл мын фæхæцыд, иуварсмæ мæ акодта, къулыл кинойы артист- ты къамтæм чи каст, уыцы бæрзонд чызгмæ мын ацамыдта: — Бакæс æм æмæ ма йын аргъ скæн, æз дæуыл æууæндын... — Фæстæрдыгæй бакæсгæйæ йын ницы у, — йæ зæрдиаг ныхас ын хъазæн ныхасмæ раивыныл афæлвæрдтон æз. — Кæд разæй дæр афтæ у... — Разæй ноджы дзæбæхдæр у, — кæронмæ дзурын мæ нал бауагъта, — ныртæккæ ма йæм кæс... Цыма нын чызг нæ хъуыдытæ бамбæрста, уыйау махырдæм йе ’ргом раздæхта: рæсугъд, тымбыл цæсгом ын, лыстæг даргъ цæнгтæ.
РАДЗЫРДТÆ ^ГГ^?^ — Йæ русыл дæм сау стъæлф зыны? — мæ дысыл мын æрхæцыд Яков. — Зæгъын, уый дын циу, чи дыл фæхæцыд, дæ лæг уыд... Æмæ, дам, мын лæг нал ис. Дæндæгты дохтыры къухтæ, дам, зыр-зыр кодтой æмæ мын судзин мæ дзыхы комы ныссагъта, иннæрдæм дзы ахызт... Ныр æй цалдæр боны хъахъ- хъæнын æмæ йæ иу нæлгоймагимæ дæр нæ уынын... Дæ зæрдыл æй бадар: ахæм сылгоймагмæ нæлгоймæгтæ се ’ргом куы нæ фездахынц, уæд мæсты фæкæнынц. Цæй, æз æм цæуын. Цас æм хæстæгдæр цыдис, уыйас чызджы мидбылхудт та тынгæй-тынгдæр кодта. Дыккаг бон сæумæрайсом æз иннæтимæ Æхсæрдзæны хох уынæг балцы ацыдтæн, суанг æхсæвæры онг бафæстиат стæм. Нæ уæладзыджы радгæс сылгоймаг мæ размæ фæци: — Æмæ хабæрттæ нæ фехъуыстай? Цæуылдæр хинхудт кæны, уый зын рахатæн нæ уыд. Зæгъын, ницы фехъуыстон, цы у. — Де ’мбалмæ йæ ус схæццæ æмæ йæ иу чызгимæ дуар- æхгæдæй баййæфта. Уымæн йæ сæрыхъуынтæ йæ къухы авæрд- та, йæ лæджы бецыккыл дæр фæхæст æмæ йæ сæхимæ ахæр- хæр кодта. Кæуылты сылгоймаг у, уый зоныс? Лифтæн дыууæйæ æгæр уæззау уыдысты. Мæнæ дæм лæг цыдæртæ афыста.. Гæххæтт мæм æрбадардта: «Хæрзбон... Æнхъæл куыд нæ уыдтæн, хъуыддаг афтæ ра- уади. Иннæ хабæрттæ дæм ныффысдзынæн». Æз радгæсмæ бакастæн. — Дæ гæххæтт ма иннæрдæм афæлдах... Афæлдах, афæл- дах, — баййардта мæ радгæс, — иннæрдыгæй дæр дзы фыс- тытæ ис... Телеграммæйы бланк у. Йæ усы къухæй йæ рас- къæфта де ’мбал... Æз æй иннæрдæм фæфæлдæхтон: «Валентинæ, дæ лæг са- наторийы æнæ сылгоймагæй нал фæразы æмæ йæм дæхæдæг ацу. Хейди». Кæмдæр мæ зæрдæйæн хъыг уыд, уыцы Хейди афтæ кæй бакодта, уый.
ЙБЯЙТЫ ЭДУАРД: 50 Л’Ш
-^æ^У Эдуард — æфсæддон. Камчаткæ. Эдуард, йæ цардæмбал Ритæ, сæ сабитæ Æхсар, Æхсæртæг, Ацæмæз.
®г=^ АБАЙТЫ Эдуард ДЫМГÆЙЫ АВДÆН гк * * Скъахтай мын иу хатт мæ зæрдæ Æмæ фæци... Царды нæ зонын дыууæрдæм Ивын мæхи!.. Иу бон фæхай кæн ды сучъи, Иннæ бон та Равдис тымбылкъухæй фучъи — Диссаджы ’гъдау!.. Бахъав-бахъав фæкæн каркау Бадæнхъæдыл... * Иу гуыпп ыскæнын æз галау Æмæ —- нывыл!.. Алы хæсты размæ мары Къогъо лæджы. Иу цæф мыдыбындзау дарын ’Нæнхъæлæджы!.. Иу бæрæг ранмæ фæцæвы Нукæн йæ дон, Уымæн фæхуынкъ кæны æртах Дойнагдур, зон. Скъахтай мын иу хатт мæ зæрдæ Æмæ фæци... Царды нæ зонын дыууæрдæм Ивын мæхи!..
ДЫМГÆЙЫ АВДÆН •к ’к ’к Пуси цæкуытимæ тебæ фæдæлгом? Уары мит. Фæндаг нæма у фæдæргом. Райсомæй уайын дæ фæдтæм æмхицæй, Фæлæ у алкæмæн й’ акъахдзæф хицæн. Алы фæд н’ акъахын, ма бакæн дис, Искæйы цардæй фæцæрæн куыд ис? Миты лæгæрдын ныр, уадзын мæ фæд, Мачи йæм бакæнæд бахъавынвæнд! Митбырдæн здыхсы. Цæгъды арт йæ удæй, Суры мæстыйæ, цыма куыдз йæ къуди, Фæлæ йæ н’ ахсы. Æмбæрзы уад фæдтæ... Ацы хатт дæр та Хуыцаумæ сты фæндтæ! * * * Цæуыл кæны къæхты бын сыфтæр ныхæстæ, Цæуыл сусу-бусу кæны? Мæ сусæг уарзондзинад уым кæд нымбæхсти, Уæд чи нæ бакуымдта къæйных?.. Кæцæй дзы фæмидæг фæтдзæгъдæнау дымгæ, Сырд й’ амæддагмæ цыма каст. Дзырддаг мын кæндзæни, мæ риуы фырнымдæй Цы уарзт фæхастон æз, цы уарзт!.. Ныууадз мæ мæ адыл, ныууадз мæ уæдæ ’мæ, Хъысмæты цæф мын уæд æгъгъæд! Хъæддаг кæрдойы хуызæн мидæгæй ’ддæмæ Рæгъæд кæнын — ме ’гъдау, мæ фæтк... •к * * Куы райдайы хур уарзын буар, Уæд сæрд фæцис. Куы рахгæнай зæрдæйы дуар, — Мæ цард фæцис. Къуыбар цæссыг сабæлут згъалы Бынмæ мæныл. Рухс хъазы хæлуарæджы халыл, Зын у мæлын!..
Абайты Эдуард * * * Фиутайæнтау бæлæсты бын — сыфтæр, Фæткъуыйыл æрцауындзæг куысыфтæг, Хуымæллæг æрбадти балы цъуппыл Æмæ фистау ’рзæбул ис йæ цупал... Къутутæ кæнынц тыхулæфт хортæй. Ма мæ фæкæн, о Хуыцау, бынхортæй! Фаджысгæрон хауы нас тъæппытæ. Амæй мæ куы фæуаид æппытæ!.. * ’к -к Ысуадз-ма иу уæздан ныхас дæ дзыхæй, Гуыбынæн — бирæ, зæрдæйæн та — цъус. Уæздан ныхас — мынæг артыл хæрзфыхæй Куыд райсай дзул хæрзад æмæ хæмпус. Кæмæн нæй ныр уæздандзинад йæ туджы, Козбау ныхас йæ былалгъыл хæссы. Æмæ хуыскъæй тыххæй куыд дуцай хъуджы, Дæуæй домын мæм уый хуызæн кæсы. * * * Дымгæ, дымгæ, д’ авдæны мæ ауз, Абон дæ мæ удылхæцæг ды, Базырау мæ сæрмæ сцæгъд дæ гаруз, Бацæуа мæ фæллад цæнгты тых. Æз дæуæй куы никæй хъæуын тынгдæр, Æмæ-иу куы исон, куы, мæ уд, Гъеуæд дæр, сæ удылхæцæг дымгæ, Ды мæнæн цæстылхæцæг фæу. Ма мæ ныууадз дзагъырдзастæй, хъус-ма, Кæрдæгыл уæлгоммæ хуысгæ, ма! Мæн нæ фæнды, бандзыг уа æнусмæ Арвы цъæх мæ гом цæстыты дзаг.
ДЫМГÆЙЫАВДÆН .х^^ЗЗ) * * ’к Фырнымдæй мын зæронд ус сыстад, Мæ тиу, дам, дæ, бахиз мæ разæй. Ирон æгъдау, мæнæ æгъуыстаг, Ды хистæр дæ, хистæр дæ азтæй! Мæ сины дæ хъама ныссагътон, Куыд райсы цыты нуазæн уазæг. Дæ разæй мæ, нæ чындз, куы уагътай, Уæд де ’гъдау цыд, де ’гъдау, дæ разæй!.. * * * Ныр уалдзæг у, уалдзæг! Йæ тын йæ къух ссардта. Æрпырх кодта мит ма æвдулæны ссадау, Æмæ йыл хур атылди, равдылд. Хыссæнадау абон æз та дæн хъæдхъиутæ, Кæд зымæгæй уалдзæджы æхсæн фæхиу дæн, Нæу зæрдæ йæ уалдзыгон равгыл. Зæронд урс фæсмын цъында мæнæ йæ халæй Фæстæмæ цъындатæ кæнынæн куыд хала, Мит афтæ куы фæтайы уæлæ. Цъæх арвæн мæ уæхскыл æруæз кодта йе зды. Мæ удæй пъæззыйау хъызт зымæг куыд не сты, Æнусон цъити ма куы змæлы!?. * * * Каухалæнтау азгъæлдысты азтæ, Кауы михау баззадтæн лæугæ. О, уæд та куы сбæззиккой, куы, састæй Артысхæцæн къæцæлтæн, бæргæ! Сахуырстай ма ды дæ урс сæр сауæй. Æрдзæн й’ ахуырст нал ыссæудзæн, нал! Хæц фæлтау, цы дæм æрхауд Хуыцауæй, Æмæ у дæ халас сæрæй хъал! Картофы тых бацыдис йæ билцъы, Баруадис йæхæдæг та, ныппыс. Бутъро бæлас, зулкъагур дыл иу цъиу Абадт кæд, уæд истæмæн бæззыс! 3 Мах дуг№ 11, 2003
Абайты Эдуард Афæлдæх, дæ мæлæтыл ма ма тыхс, Бутъро дæр ма рухс кæны æхсæв. Ды дæ бынæй талатæ ысуадзыс, У сæ райгуырд уыдонæн дæ сæфт... Каухалæнтау азгъæлдысты азтæ, Кауы михау баззадтæн лæугæ. О, уæд та куы сбæззиккой, куы, састæй Артысхæцæн къæцæлтæн, бæргæ!.. * * * Куы вæййын сахары, уæддæр мæ каст у хъæмæ, Нæхи дзылакъуыйы хал адджындæр мæнæн. Кæсы æвзæр гæды цæттæ фынгмæ æнхъæлмæ, Йæ хуыссæн пецы тъæр та — мыстыты цæрæн. Хъæддаг мыдыбындз дæн. Цæттæ сæкæрыл ахуыр Нæ кæнынц мæн. Уыгæрдæнтæм тæхын, Мæ уæлæ ’рбахæссын хъæддаг дидинты сагъæ Æмæ сæ къусчыты æлутоны адджын... Куы вæййын сахары, уæддæр мæ каст у хъæумæ, Нæхи дзылакъуыйы хал адджындæр мæнæн. Кæсаг ма аздæхы йæ гуырæнмæ фæстæмæ Йæ еугæф калынмæ. Цæмæн, цымæ, цæмæн?.. •к ’к ’к Ды нарты фæткъуыйау мæ цæхæрадоны Æрттивыс æрвыгау — æлутоны хос. Дæу хъахъхъæнгæйæ мæн фæнды дæу æртонын, Æмæ дæ мæ монцтæн цыма мæнæ цъоз... Дæ сындзытæй хъал дæ, дæ сындзытæй, хъалгъæн, Фæлæ дæумæ уымæй цыбæлдæр кæнын. Дæу хъахъхъæнын, чызгай, дæхи дæр мæ хъахъхъæн, Ныббар мын, кæд-иу дæм фæкæсон къæйных!.. Мæ уарзондзинадæй цы кæнон æфсæрмы, Мæ титиччы фæрдыг, цыкуравæрдыг!? Сæууон стъалы уарзын, куыд худы мæ сæрмæ, Фæлæ йæм куы сæвналин, уый мæ фæнды...
ДЫМГÆЙЫ АВДÆН * * * Йæ уæлæ хæс Зæхх нæ уадзы æрмæст, Зæхх уромы, цы дур æрхауы арвæй. Мæсгуытæ дын нæ самайдзынæн æз, Фæлæ дæ хорз лæудзæн мæ зæрдыл, д’ арфæ.. Сты исæй бонтæ тынг бирæ фылдæр. Мæ бон дын нæу кæд самайын мæсгуытæ, Дæ хорз мæ зæрдыл дардзынæн уæддæр. Нæ, дам, сафы сæрачы ном мæскуы дæр... ХОСДЗАУЫ КАТАЙ Цæвæгыл стыхсынц хъæдурхостæ, Гуырцъ æй фæстæмæ хæссы. Фароны къæцæлыл дурхостау Цæвæджы ком цыма сси. Нал-иу хъуыд уисы фæлдахын дæр, Хурмæ-иу адзæгæрæг. Астымы тæрхъусау махырдæм Мигъаууон хъуызыд сындæг. Хосдзауы фæндтæ Хуыцаумæ сты, Арвыл инджынау мигъ — ахст. Ма хæр дæхи, лæппу, сагъæсты, — Хорз, дам, у футæгджын аз!.. Хосдзауыл тъизын нæ фидауы. Цард дæр — уыгæрдæн, хæцæн. Ма йæ ныууадзæм зæритауæй, Науæд ысуыдзæн къæцæл!.. * * * Райхъуысы хосдзауты цæвджыты "хситт, Раст цыма ерысмæ, ерысмæ сидт. Абоны æнтыст нæу райсомы цин. Сбæззай ма? Д’ астæу гуинон-къæдз ныцци.
**=$*^г>. Абайты Эдуард Бон сау изæрмæ, дам, фехсæста хор, Стæй сыл уæд цъæмæлтæ бакалдта хорз... Хъуамæ кæронмæ фæцæрай лæгæй, Иу боны хосдзауæй хосдзау лæг нæй!.. Хосдзауты цæвджыты ерысмæ сидт... Баиу и семæ мæ цæвавджы ’хситт. Æтт, лæппу! Къаххафæн дур у ныллæг... Иу боны хосдзауæй хосдзау нæй лæг... ’к * * Мæ зæрдæ дыл — æнувыддæр куыдзæй, Ды дæр мыл макуы баузæл хуызæй... Куыдзы куыдзæй, куыдзæй фæзмын нæу хорз, Куыдзы хæстæн йæ хъуын хонынц йæ хос... Æмæ дæм æз куыдзæнхъæлмæ кæсын, Фæлæ мæ цард куы не сфаг уа, тæрсын; Хæстæг у дард, хæстæг у дард... Ыстъалытæн сæ рухсæй у сæ цард. Ныр мæ уыныс, куыдзы зæронд ныддæн, Нæма зыныс, нæма зыныс уæддæр; Хæстæг у дард, хæстæг у дард. Æмæ, æцæгдæр, не сфаг и мæ цард... Куыдзæй та ма æнувыддæр — сыджыт, Æмæ йын уæд, уæд намыс æмæ цыт! Ыскæны уый хæстæг æмæ дард иу. Æмæ ма уым уæд ме ’нхъæлмæгаст циу? Мæлæт фыййауы радæй уæлдай нæу: Мæ рад у абон, райсом та у дæу. Фæлæ дзы тонын, æртгоймагæн, рис. Кæд мын нæй цардæй уый тыххæй æфсис?..
ДЫМГÆЙЫ АВДÆН _^2»*© * * * Æгæр хорз, дам, никуы у хорз, Æгæр хорз æвзæрмæ дæр сайы. Цæххæн цæхх цæхджындæры хос Куы уаид, куы уаид... Хæринаг æгæстæн мард. Ныр æгæсты бахордтой мæрдтæ. Бæрзонддæр сын зæххæй сæ кад, Бæргæ, мах фæисæм сæ кæндты... Фæлæ та сыджыты æмвæз Сæ цыртытæ свæййынц фæстæмæ. Нæ кад уæд сыджыты æмуæз, Фыдæн фырт йæ фæстæ цыртæн уæд!.. * * * Æз — хорхæссæг. Æфцæгмæ схастон мæ рифтаг, Йæ иу цæст мæ зæрдæ у, иннæ — мæ зонд. Фæуæз кодта иуырдæм. Зæрдæ дыл сивтон? Æви кæд æз зондæй фæсонт дæн, фæсонт?.. Кæсын ныр фæстæмæ мæ царды æфцæгæй: Хуылыдз сугты хуызæн фæкодтон пыс-пыс. Æз фесæфтон алайæ, мил æмæ сæгæй, Мæ цард уыд, ехх, халоны зокъойау пыс... МОЙ ЧИ НÆ КÆНЫ, УЫЦЫ ЧЫЗДЖЫТÆН Фæкæсы мæм æнхъæлцауæй сылгоймаг Къуыбаррафтауæг уалдзыгон бæлас. Дæ фыды уæларт рафтыдтай дæ дæндаг, Дæ гуырвидауц куы фехæла — дæ тас. Дæ гуырвидауц нæ, æрдзы æгъдау халыс, Ды æрдз æмæ дæ адæмæн — ызнаг. Нæл тутайау мæнг дидинæг фæкалыс, Цыбыр кæныс нæ царды хал, нæ таг...
Абайты Эдуард Дæ пумпуси, дæ пакъуыдзагъд хуыссæны Куы фæкæныс пыффытфынæй нырма, Нæ сыхы ног чындзытæ уæд æхсæны Фæвæййынц уынг кæрæй-кæронмæ марзт. Йæ авдæны кæны хъуыргъæндæг саби, Фæфыдæхсæв йæ фыдхуыссинæй мад. Æрдзуццæг кодта. Дзидзи дары. Сабыр. Гъе уый дын, гъе, гъе уый дын, мæ хур, цард!.. Уый чи загъта, нæ кæны тулгæ авдæн, Куы нал æххæссыс авдæнбосмæ ды... Æрбассоныс æй авдæнчъилтæй. Дардмæ Йæ бæласæй нæ фæтулы йæ дыргъ... Йæ авдæнхъæдыл мад цырагъау батад. Æрбацъæх бон, уый баззадис йæ рухс. Чындзы хызау хур фелвæста фæлм уайтагъд. Цыма та цард фæдаргъдæр ис æнус... * * * Мæ хъуыдытæ змæлынц мæ сæры Мæлдзыджытау. Ницы сæ ’взæры. Хъæуы сæ цыхтахсæгау ахсын. Ныббыхс-ма! Дæ къухфыдтæ бахсын! Цæхæры фых уарзын хъуыдыды. Куы-иу уаид афтæ мæ хъуыды?! Цæфæй рæгъæдæй нæй рæгъæдтæ. Æркæсон, цы дæн æз мæхæдæг: Мæ къæхтæ сты уазал фæнычы, Мæ сæр кæд уымæн фæрынчын?.. Цæхæры фых уарзын хъуыдыды. Куы-иу уаид афтæ мæ хъуыды?! * * ’к Алкæйы куы уарзис, алчи дæу, Фæлæ дуне афтæ арæзт нæу: Не ’ххæссы æппæтыл хур дæр, нæ, Стæй йын нæй æртхуроны хæйттæ...
ДЫМГÆЙЫАВДÆН ^С^КГЙ Цард къæйттæй у, канчыри, фыдис — Иу аджы æнæхæлгæ цæдис. Тохсийы фыры ныхмæвæрд — цыг: Иу дзы къуыпп, йæ ныхмæ иннæ — дзыхъхъ. Алкæмæн, стæй алцæмæн ис къай, Æртыккаг дзы алкæддæр — уæлдай. Багалæгæн йе ’ртыккæгæм цалх Лæгъзвæндагæй иуварс хæссид мах... Хорз ма ахъуыды кæнæм, цымæ Маргъ тæхид æртæ базыримæ?.. У кæд н’ амонд, не хæс у уæвын Иу цæдгалтау иу æфсондзы бын... Фæлæ, дам, хорз амондæн нæу хос. Амонд, дам, мæн уæд, ды та у хорз. Къæй — æнæкъай? Базыдтай! Къæйттæ! Д’ амондæй дæн амондджын æз дæр!.. * * * Комдарыны митæ — мартъийы митæ. Мæнæ фæлдурæджджын, мæнæ фæлитой! Митын гæнæхтæ, йæ мæсгуытæ — митæй; Цурон, гæды сты дыдзæсгомы цинтæ. Хуссарварс хъарм хур, къуырттон каркау, сбадти. Бидыры хъазау хи ауагъта мартъи. Акъæссавæлдæхт и, стæм миттæ хаста, Цымæ мæ мад тыдта базтæн йæ хъазты. Мартъийы митæ: хæрдмæ-фæрсмæ уардзæн. Уый у йæ миниуæг, йе ’ууæл, йæ хъæд у. Цалдæр зæрватыккæй не ’рцæудзæн уалдзæг. Зымæгæн иу сырддонцъиу дæр æгъгъæд у...
ДЗАНАЙТЫ Никъала ХÆСТОН ФÆНДÆГТÆ - ЗЫНДОНЫ БАЛЦ* мæ нæ мæнæ Уралæн йæ цæгатырдыгæй балæууын кодтой, бокситты æрзæткъа- хæнты. Дæс боны бæрц хæдзæртты фун- даменттæн дзыхъхъытæ фæкъахтам, хæдзæрттæ та хъæдын, æлхынцъæй конд. Куыст ахæм уæззау нæ уыд, фæлæ нын нæ туг хъæдысыстытæ цъырдтой, стыр тухæнæй нæ мардтой. Уымæй размæ дæр æмæ уымæй фæстæмæ дæр уыйбæрц туг- цъиртæ никуал федтон, раст бæз-бæз кодтой. Кæм куыстам, уырдыгæй не ’хсæви- уаты бынатмæ уыд иу æхсæз километры, æд гæрзифтонг хъахъхъæнджытæ дыу- уæрдæм дæр фистæгæй цыдыстæм. Хат- гай-иу æнæуи ахст адæмы къордтыл æмбæлдыстæм — цæмæй кæрæдзимæ ма бахæстæг уæм ныхасы бæрц, уый тыххæй сæ-иу фæндагæй иуварс митмæ батард- той æмæ-иу сæ махырдæм чъылды- мыздæхтæй слæууын кодтой. Иу бон нын къæдз белтæ нал фаг кодта, схæссын та сæ хъуыд æрзæткъахæны шахтæйæ. Уæдмæ æз бригадир сдæн æмæ мæ бон уыд искæй арвитын, фæлæ мæхæдæг фæраст дæн, кæуылдæр ауæрдгæйæ. Бынмæ уырдыджы фæцæ- уын, фанар дæр мæм нæй, афтæмæй. Мæнæ цыма иннæ дунемæ мæхи къахæй ныфтыдтæн, афтæ мæм каст: мæ алыварс * Кæрон. Райдайæн кæс «Мах дуджы» ацы азы 5 æмæ 6 чингуыты. сÆ
ХÆСТ0Н ФÆНДÆГТÆ — ЗЫНДОНЫ БАЛЦ ,<<^^У?Й уымæл, кæцæйдæр мыл тæдзы, къæхты бын бырынцъаг цъыф, хæлуарæджы тынтæй азмæлæнтæ нæй. Æрлæууыдтæн æмæ сагъæстыл схæцыдтæн, уæдæ, зæгъын, куыд кæнон æмæ цы кæнон, бæргæ хуыздæр уаид, куы аздæ- хин, уæд, фæлæ нæ белтæ дæр ахсджиагæн куы хъæуы, стæй тæрсгæ дæр куыд фæтæрсон — худинаг у... Цы уа, уый уæд, зæгъгæ, цæуын бындæр дæлдзæхмæ. Уалын- джы мæм мынæг рухс разынд, æмæ мын фенцон. Ссардтон цыдæр хицаугонды, райстон дзы белтæ æмæ фæстæмæ разæн- гардæй сыздæхтæн — иуæй мæ, цы хъуыд, уый бафтыд мæ къухы, иннæмæй, мæхиуыл фæуæлахиз дæн, мæ тарстыл. Ныр зымæг йæ налат тыхы цæуын райдыдта. Махæй та чи æрдæгбæгънæг, чи æрдæггом — кæд-иу рæвдз цæугæйæ стæвд стæм, уæддæр æнæ хъарм уæлæйы æмæ къахыдарæс уазал код- там, æмæ рынчынтæ сарæх сты. Стæй афтæ фæуазал, æмæ æдде кусæн нал уыд, гъемæ мын мæ бригад ныххæлиу кодтой, мæхи та мын иу стыр кусæн бынаты сменæйы хицауæй сæвæрдтой. Нæ сын куымдтон, мæнæй, зæгъын, цæй хицау ис, æппындæр æрзæткъахæджы куыстæн куы ницы ’мбарын, уæд. Фæлæ мæ сдзырд дæр чи нал уагъта, уый уыд Преображенский, уыцы стыр кусæн бынаты хицау, бакаст нæхи хæххон-металлургон институт. Уæвгæ дзы ахæмтæ цыппарæй уыдысты, хионы цæстæй мæм кастысты, æмзæххоны. Сразы дæн, цы ма мын гæнæн уыд. Мæ хæстæ фæбæрнондæр сты: цæмæй адæмы сæ куысты уæлхъус æрлæууын кæнай, уый тыххæй мæнæн мæхи мæ куыстмæ сахатырдæг раздæр цæуын хъуыд иннæтæй. Æз къахæй рæвдз уыдтæн, уайтагъд-иу бахæццæ дæн, фæлæ мæ цалдæр боны фæстæ иунæгæй цæуын нал уагътой. Гъемæ мын, зæгъын, мæхи хуызæн тагъдуайаг æмбал ссарут. Ссардтой! Æмæ разынд нæхирдыгон. Николаев- скæйы станицæйæ — Погорелов Сашæ. Бæрзонд, домбæйттæ конд лæппу. Бонæй-бонмæ мæ куысты сусæгдзинæдтæ иугай-дыгай æргом кодтон мæхицæн, дыууæ цæстæй цырд кастæн, хъуыстон, фæрсын дæр не ’фсæрмы кодтон, цы нæ зыдтон æмæ цы не ’мбæрстон, уыдæттæй. Мæхиуыл стыр бæрн кæй æнкъардтон, куысты бæрæггæнæнтæ мын ахсджиаг кæй систы, уыйадыл дыууæ мæймæ цыдæр бынтон ныкъкъæсхуыр дæн, мæ дзау- мæттæ мыл, зæгæлыл ауыгъд цыма сты, уыйау фидыдтой. Зымæг
\^42^^^г^ Дзанайты Никъала ^^^& та хъызтæй хъызтдæр кодта, раст-иу мæ фындзы дон æруайæнты ныссалд æмæ мын-иу сæрибарæй сулæфæн нал уыд. Алы сменæйы фæстæ та шахтертæн сæхи цынайын хъæуы. Стæй ногнадæй уыцы уазалы æхсæз километры фæцу, уæд уый цæттæ низ нæу? Æмæ нын нæ куыстуаты цур цатыртæ сæвæрдтой æд æфсæйнаг пецтæ. Хорз, æмæ нæм æвзалы фаг уыд, ныссырхзынг-иу сты нæ «буржуйкæтæ», фæлæ-иу уæддæр райсомырдæм уазал йæхионтæ кæнын райдыдта, уымæн æмæ- иу фæллад адæмæн пец æхсæвы æвæгæсæй аззад. Уæддæр хорз, æмæ нæ алы бон уыйбæрц нал хъуыд фистæгæй цæуын — дæхи анай æмæ уайтагъд дæ цатыры фæкуыси у. Ноджы ма алкæмæн дæр фæскуыст æмбæлд 50 граммы спъиртт, 50 граммы шпик æмæ дзул 200 граммы. Кусгæ кодтам дыууæ сменæйы фæйнæ 12 сахаты, цæй улæфæн бонтæ æмæ от- пусктæ!.. Худæг дæр куыд нæу, фæлæ мæнмæ ном æмæ фыды номæй дзурын куы райдыдтой, 22 — 23-аздзыд лæппумæ, уæд-иу кæд æмæ мæсты нæ радæн, адон кæмæй хынджылæг кæнынц, зæгъгæ. Фæлæ мын Преображенский бамбарын кодта, æгайт- ма дæм афтæ дзурынц, зæгъгæ, уымæн æмæ, дам, бирæтæм зæрондæй дæр уыцы кад не ’рхауы. О, фæлæ мæ цыбырæй Джанаич чи хуыдта, ахæмтæ дæр уыд. Шахтерты ’хсæн цынæ адæмыхатт уыдис, цынæ! Кæд дзы бирæтæ хъазуатонæй куыстой, уæддæр дзы тæтæрæн æмбал нæ уыд — кусгæйæ сæхиуыл нæ ауæрстой, ноджы, цы сын загътаис, уый æнæмæнгæй сæххæст кодтаиккой. Уый æнхъæл сын никуы уыдтæн. Мæ зæрдыл дзы бадардтон Набиулины, диссаджы арæхстджын кусæг уыд, растæй курдиатджын схон. Æппæтæй фылдæр сæ нымæцмæ гæсгæ уырыс уыдысты, куыд хуымæтæг шахтертæ, афтæ разамонджытæ дæр. Иу цалдæры дзы хорз хъуыды кæнын, фæлæ мæ дыууæ ныхасы зæгъын фæнды Стройкины тыххæй. Ахæм фыдхуыз сси, æмæ ма дзы, куыд бакæнынц, афтæ айдагъ царм æмæ стджытæ баззад. Уæвгæ та йæ бæрны куыст сæ уæззæуттæй нæ уыд, афойнадыл ма- шинæтæрæгмæ сигналтæ ’рвыста. Диссаг та уымæй уыд, æмæ- иу ^ысыл рæстæг дæр куы фæсæрибар, хæрз чысыл рæстæг дæр, уæддæр-иу сбадт, йæ сæр-иу маройгæнæгау æруагъта æмæ- иу уыцы иу зарæг кодта: А на дереве над парой, ой, Сыч облизывался старый, ой!
ХÆСТОН ФÆНДÆГТÆ — ЗЫНДОНЫ БАЛЦ ^^^з) Иуахæмы дын æй бафарстон, уый дын, зæгъын, цавæр æна- хуыр æмæ иугæндзон зарæг у. Æмæ мын уæд йæ хабар ра- дзырдта. Царди Воронежы облæсты иу хъæуы, бауарзта сæ сыхаг хъæуккаг чызджы. Быдыры астæу стыр бæласы бын æмбæлдысты æдзух дæр. Æмæ, дам-иу, бæласыл дынджыр уыг бадт æмæ нæм бынмæ каст, цыма нын-иу нæ ныхæстæм хъуыста, йæхи, махмæ кæсгæйæ, уарзын ахуыр кодта, уыйау. Уæд, дам, уыцы зарæг æрхъуыды кодтон æмæ йæ ныр куы фæзарын, уæд мæ зæрдæйæн æхсызгон вæййы, бахъарм дзы вæййын... Уыдис нæм корейæгтæ дæр, дыууæйæ дзы куыстой бырау- зилджытæй — Ким æмæ Цой. Ким уыд ныллæджытæ лæппу, фæлæ тынг тыхджын, куысты æвæллайгæ. Мæнæн дзы мæ цæсты уæлдай нымаддæр уыд Хан Дяо — йæ бæрныгонд хæс уыйау зæрдиагæй чи феххæст кæны, уымæн куыд хъуамæ ма уа искæй цæсты кад! Хан йæхимæ дзырд никуы ’рхауын кодта. Уый хуызæн адæмимæ коммунизм нæ, фæлæ «дзæнæтизм» дæр уыд саразæн... Сæрибар, барвæндонæй нæм чи уыд кусæг, уыдон улупа ис- той, махæн та нæ мызд уыдис æрмæст къæбæрыл кусын, мæнæ «хлебные карточки» кæй хуыдтой, уыдоныл. Ныр уæдмæ зымæг йæ тæккæ цъаммар тыхы бацыдис, ца- тырты цæрæн нал уыд, æмæ нæ алы рæтты ныххæлиу кодтой, алы æмдзæрæнтыл. Æз иу хъазахъхъагимæ æрцардтæн хицæн къуымы. Кæд-иу хæдзары мидæг чысыл йеддæмæ нæ уыдыстæм, уæддæр нæ хъуыддаг ацыд — нæ уат хъарм, хихсæн нын дзы, хъæбæр нарæты бæсты цъæтджын сынтæджытæ, ноджы сыгъдæг хуыссæнгæрзтæ. Мæ куысты уæлхъус хъæппæрисджын кæй уыдтæн, уыйа- дыл хицауадмæ нымадæй нымадыдæр кодтон, стыр бæрн кæм хъуыд, ахæм хæстæ ’вæрын дæр мыл æууæндын райдыдтой. Уый — иуæй хорз, фæлæ бæллæхы дæр фæцæйхаудтон, зæгъæн ис, æмæ стыр фыдбылызæй аирвæзтæн. Нæ куысты сæрмагонд æмæ лыстæг техникон хъуыддæгтыл нæ дзурдзынæн, фæлæ нæ-иу æрзæтмæ срæмыгъдтыты фæрцы фæндаг лæгæрдын бахъ- уыд. Иуахæмы дын мæм æрыгон рæсугъд чызг мæ хицау Пре- ображенскийæ фыстæг æрбахаста: «Эта девушка только что окончила курсы взрывников и может что-нибудь натворить, а потому, пожалуйста, помоги ей отпалить забой». Цы ма мын гæнæн уыдис. Ацыдыстæм шахтæмæ, кæм æмбæлы, уым рæмудзæн æрмæг сæвæрдтам. Æз сæрмагонд
/ДЧ^ ....^ Дзанайты Никъала V ._^дй^1ГТ>\^^^'> | || II-- синæгтæ судзын, æрмæг рæмудзы. Уалынджы рæмыгъдтытæ æгæр сарæх сты, æрзæты егъау кæрдихтæ нæ алыварс хауынц, мæнæ нæ сæ быны фæкæндзысты. Хорз, æмæ ма мын нæхи бафæсвæд кæнын бантыстис, æндæра дæ фыдгул афтæ, æрзæт нæ йæ быны баныгæдтаид. Æппæт дæр маркшейдерты аххос уыд, раст нын нæ бацамыдтой, рæмудзæн æрмæг кæмыты æвæрын хъæуы, уый. Фæлæ иугæр кæй ницы ’рцыд ахæмæй, уым сæ нал бафхæрдтой карзæй. Кæд ма йæ раст бахъуыды кодтон, уæд цыппор цыппæрæм азы райдианты уыдаид уый — æз афтæ тынг кæй уарзтон, афтæ тынг кæй уындмæ бæллыдтæн, уырдыгæй, Ирыстонæй, ардæм, Уралмæ ’рцыдысты фондзæй: цыппар студенты — дыууæ чыз- джы æмæ дыууæ лæппуйы, — стæй сæ разамонæг, профессор Демин Николай Иванович. Чи мын уыдысты, ничи мын уыдыс- ты, фæлæ сыл тынг зæрдиагæй бацин кодтон. Хъыгагæн, æрыгæттæй номæй-номмæ никæйуал хъуыды кæнын, æрмæст дзы лæппутæй иу уыд Гæбæратæй, йæ фыд нæхимæ уæд Сæйраг Советы сæрдарæй куыста, æнхъæлдæн. Цасдæр нæм фесты, уæвгæ, цæугæ дæр бæрæг рæстæгмæ æркодтой, сфæлтæрынмæ, цыдæр хорздзинæдтæ сарæзтой, стæй ацыдысты фæстæмæ. Дыууæ азы фæстæ æз дæр куы сыздæхтæн нæхимæ, уæд мæм парчы æнæнхъæлæджы дыууæ чызджы, Джанаев, Джана- евгæнгæ, æрбазгъордтой — базыдтон мæ урайлаг уазджыты... О, мæ куыст нывыл кæй цыд æмæ хицауадмæ дæр нымады кæй уыдтæн, уый мæ, чи зоны, æмæ куыддæр фæкъуырма код- та, чи дæн, цы дæн, æмæ мæ ам цавæр дымгæ стæлфын кодта, уый мæ исдуг ферох. Стæй мæ рох дæр куыд хъуамæ ма фæ- уыдаид, рох, кæд æмæ ахæм хъазуатон куыст кодтон, нæ ауæрс- тон нæдæр мæхиуыл, нæдæр, ,мæ дæлбар чи уыд, уыцы маст- домд адæмыл — ауæрдгæ та нæ кодтон Сырх Æфсады фæуæ- лахизы сæраппонд, нæ Уæлахизы сæрвæлтау! Худæг дæр у, фæлæ-иу мæхимидæг нымайыныл схæцыдтæн, мах цас алю- миний самал кæнæм, ома не ’рзæтæй цас алюминий рауайдзæн, уымæй цал алюминий къусы, уидыджы, котелочы, къубуцкайы скæнæн ис сырхæфсæддонтæн, зæгъгæ. Зыдтон æй, алюминийæ фылдæр хæдтæхджытæ кæй кæнынц, уый, фæлæ ууыл цас схардз вæййы, уый нæ зыдтон æмæ йæ нымайгæ дæр куыд кодтаин, ацы æнæмæнджы хъæугæ дзаумæттæ та мын раст милуангæйттæ уадысты. Уæд уый комкоммæ не ’ххуысы ахадгæ хай нæу фронтæн?!
ХÆСТ0Н ФÆНДÆГТÆ — ЗЫНДОНЫ БАЛЦ ^С^^^Т^ Фæлæ дзы уæддæр дæ бырынкъыл мидæгоз хæцын хъуыд уыцы рæстæджы — иу æнæбары ныхасы тыххæй бынтыбын бауыдаис. Гъемæ дын мах кусджытæй дæр бирæтæн цавæрдæр стыр бæрæгбонмæ — нал лæууы бæлвырдæй мæ зæрдыл, Маймæ уыдаид, æви 7 ноябрьмæ, — паддзахадон хæрзиу- джытæ радтой. Ленины орден æрхаудта цавæрдæр Мартынов- скиймæ. Æвзæр нæ куыста уый дæр, афтæ зæгъын дзы гæды ныхас уыдаид, фæлæ уæддæр тынг дард лæууыд Набиулинмæ — уымæн æмбал нæ уыд, уый бырау афтæ зылдта, афтæ æмæ йын йæ фæлтæрддзинад суанг æнæхъæн Цæдисы дæр фæзми- наг скæн! Уый иннæтау йæ фæстæ «сойынцырæгътæ» æмæ «агуывзæтæ» нæ уагъта — уыдон сæрмагонд терминтæ сты, быраузилджыты куысты хъæнтыл дзурæг сты. Æмæ дын æз кæйдæрты цур куы бахъуыр-хъуыр кæнин, цæмæн кæны хица- уад ахæм хъулон митæ, зæгъгæ. Æдылы уыдтæн, уæдæ нæ уыдтæн: хицауад та хъулон митæ кæд нæ кæны?! Иу участочы хицау уыд Оунап, нæхи хæххон-металлургон институт фæци каст уый дæр, æмæ дын мын афтæ куы бакæнид, иуварсмæ мæм адзургæйæ: — Цы дæ лæмары, цы дæ хъуыддаг ис, уæлдæр хицауад кæй хæрзиуæгджын кæны, уыйимæ? Бахъуыды йæ кæн: ам алы къо- дахыл дæр хъустæ ис! Æрæмбæрстон мæхи, уæдæ не ’рæмбæрстон, фæлæ уæддæр мæхимидæг Набиулины хуыдтон СУБР-ы зубр (СУБР — ома: Северо-уральские бокситовые рудники), Оунапæй разыйæ баз- задтæн, фæлæ дзы иу хъуыддаг та ма ахæм уыд, æмæ æз се ’хсæн хъулон уыдтæн, ома разамонæг кусджыты ’хсæн: карз нозт нæ нызтон, амы нозтæй та карздæр цы уа — спъиртт. Æхсæвы мæ сменæ бакуыстон æмæ райсомæй шахтæйæ уæлæмæ куы схызтæн, уæд Преображенскийæн, куыст куыд ацыд, уый тыххæй радзырдтон. Æмæ дын мын афтæ: — Дæхи куы æрæхсай, уæд ма-иу мæм фæстæмæ æрбауай — ахсджиаг цæмæндæр мæ хъæуыс... Ме ’рбацыдмæ йæ кусæнуаты бадтысты ме ’мзæххонтæ — Оунап, Иносаридзе, Мхчан æмæ ма чидæртæ. Фæкуыддæрау дæн, уæдæ цы уа, зæгъгæ, фæлæ мæ бирæ тæрхæттæ кæнын нæ бауагътой, уайтагъд мæ бафарстой, æз фæссменæ ме спъирт- ты хай цæуыннæ фæисын, уымæй. — Нæ нуазын æмæ уымæн... — Фæлваргæ дæр никуы бакодтай?
Дзанайты Никъала — Никуы... — Диссаджы ирон... Уæдæ ма дзы мах цур æрмæст хъæстæ фæу, æмæ, кæд дæ зæрдæмæ нæ фæцæуа, уæд — бар дæхи. Фæлæ, ау, лæг нæ дæ? Ам ма йæ суанг сылгоймæгтæ дæр куы ’нцъухынц?.. Буфетмæ бацыдыстæм. Иу дзæбæх нуазæн къус мын бай- дзаг кодтой. — Ныххуыф уый, æцæг улæфгæ ма скæн. Иу схæстæн æй фæдæле кæн! Нæ Иры тыххæй! Арф сулæфыдтæн, стæй баурæдтон мæ улæфт æмæ йæ мæ хъæлæсы ныккалдтон. Æмæ куыддæр сулæфыдтæн, афтæ зæхх мæ быны фенкъуыст, мæ цæстытæ атартæ сты. Цæмæ февна- лон æнцойы хосæн, зæгъгæ, мæ алыварс куы акастæн, уæд мын мæ быны бандон авæрдтой, дон мын сдардтой мæ былыл. Зыдæй йæ анызтон æмæ мын фенцон. Куыд нæ мын хъуамæ батых кодтаид — иуæй, æвæлтæрд, иннæмæй, зыбыты æххормаг. Дзойтæгæнгæ хъæмæ цæуыныл фæдæн. Фæкастæн уынджы фæстæмæ, æмæ дын мæ фæд-мæ фæд æнæхъæн къордæй цæ- уынц, сæ мидбылты зæрдæхæларæй худынц: уæдæ, мæ «чыз- гон» бонтæ фесты, уыдон дæр фесгуыхтысты, мæ дин мын фехæлдтой... Æрмæст æз уæддæр нозтмæ нæ фемхиц дæн. Никуы... Хицауады цæсты ноджы фæкадджындæр дæн, уæлдайдæр сæ фылдæр бузныг уыдысты Ирыстонæй, нæ хæххон-метал- лургон институтæй: хорз специалисттæ цæттæ кодта. Гъемæ мын, æрмæстдæр рудничы хицауадæн чи ’мбæлд, ахæм паек дæр саккаг кодтой. Хойраджы карточкæтæ кæй хуыдтой, уыдон уыдысты æртæ категорийы. Зæххы бын чи куыста, уыдоны хæлц уыд фыццаг категоримæ гæсгæ — I килæ дзул, уый иу бон, стæй мæйы дæргъы та килæ сæкæр, килæ нæлхæ, 4,5 килæйы макаронтæ-йедтæ. Иннæ категоритæн зынгæ къаддæр уыд сæ фæлхас. Хицауадæн ма уыд сæхи сæрмагонд хæрæндон дæр — ам бирæ хæрзаддæр хæринаг кодтой, стæй дзы, кæй зæгъын æй хъæуы, сыгъдæгæй дæр сыгъдæгдæр уыд. Мæ паекмæ та мæнæн æмбæлд суткæ килæ æмæ ’рдæг дзул, мæйы дæргъы 13,5 килæйы дзидза, 3 килæйы нæлхæ, 3 килæйы сæкæр, 3,5 килæйы алы къурупатæ... Æмæ дзæбæх стыхджын дæн, дзæбæх, уæззау куыстытæй дæр афтæ нал фæлладтæн — уæззау куыст та-иу куыд нæ кодтон, кæд схицаугонд дæн, уæддæр. Афтæмæй нæ суанг зæххы бын дæр кусын хъуыд æнæхъæн дыууадæс
ХÆСТОН ФÆНДÆГТÆ — ЗЫНДОНЫ БАЛЦ сахаты! Æнæ фæлладуадзæн бонтæй. Эмгб дæр нæ цыма бын- тон ферох кодта (МГБ — ома Министерство госбезопасности, уæдмæ энквд афтæ хонын райдыдтой). Ничи нæм сиды æрфарстмæ, ничи нын ницы дары нæ цæстмæ, æрмæст фыцца- гау лæвар кусæм. Фронтмæ ма нæ акæндзысты, ууыл хъуыды дæр нал кодтам, хæст уæдмæ йæ фæуыныл уыд. Мæн та ноджы уæлдæр, бæрнондæр бынатмæ сивтой — æппæтæй стырдæр участочы хицауы бынатмæ. О, куысты фæлтæргæ скодтон, цыдæртæ бамбæрстон, базыдтон, фæлæ мæ ныр уæлдай фылдæр зонын хъæудзæн, уæлдай фылдæр кусын, уæлдай бæрнондæр уæвын. Æмæ куы фæхудинаг уон, уæд... Фæстæдæр мæм бахъардта уырыссаг æмбисонды рæстдзинад, зæгъгæ, не боги горшки обжигают... Куыст ма, кæд цыфæнды уæззау фæцис, уæддæр — фæуæд, фæлæ ацы æрвылбоны дзæнгæдацæгъдæн æмбырдтæ рудничы хицаумæ, ацы докладтæ-йедтæ, рапорттæ, раныхæстæ... Кæй ницæмæн хъæуынц, къуылымпыйы хосæй уæлдай кæй ницы сты, уый иууылдæр æмбæрстой, фæлæ никæй фæндыд сæ ныхмæ фидарæй сдзурын, кæй хъуыд йæхицæн сæрниз баку- сын. Æмæ — фæрæзтой афæдзæй афæдзмæ. Æз дæр мæ бы- рынкъыл мидæмæ хæцыдтæн, æрмæст зæрдиагæй, æгæр зæрди- агæй дæр ма! — куыстон. Æмæ мæ участок хæрзтæй фæхуыз- дæр. Фæлæ уыйхыгъд мæхæдæг куыддæр смæстыгæр дæн, спы- сыра, чысыл истæй тыххæй дæр-иу хъæр систон, загъд-иу са- мадтон. Уый мын мæ цæстмæ чи бадардтаид, чи мæ æрчъицын кодтаид, мæ алыварс та иу ахæм лæг нæ разынд — æвæццæгæн, загътой, куыст хорз цæуæд, æндæр иннæ хъуыддæгтæ ницы сты. Ноджы мæ хæрд дæр мæ фарсыл нал хæцыд, уæвгæ дæр мæ æнцад-æнцойæ бахæрынмæ нал æвдæлд. Раст мæ хуызæт- тыл фæласынц дон, æндæр искуыдæр ма афтæ дæ уд суæлдай кæн куыстæн... Уалынджы дын арв бон сихорафон ныннæрыд, хур йæ зынг цæстæй кæсгæйæ: дæ бынат, дам, суæгъд кæн Иносаридзейæн, дæхæдæг та дæхимæ зæххыбын транспорты куыст райс! Мæхи æфхæрдыл банымадтон, карз æфхæрдыл — куыдзы фæстаджы, дам, ныронг цы сгуыхтытæ равдыстой, уыдон, мах дæ... мах дын, чи дæ æмæ цы дæ, уый дæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм!.. Æмæ цынæ хъуыды дзæгъæлзонд кодта мæн уыцы бонты.
Дзанайты Никъала Хорз, бафхæрæнт мæ. Æмæ мын уæд мæ улупа та раздæры бæрцæй куыд ныууагътой, мæ ног бынаты мын цас æмбæлы, уымæй дзæвгар фылдæр куы у, уæд?! Стæй дын рацæй-рабон æмæ сæрибарæй куы сулæфин, уд- æнцойæ — мæ куыст бирæ фенцондæр, уæгъд рæстæг мын фагæй фылдæр фæзынд, мæ хæрд та ногæй мæ фарсыл хæцын райдыдта, тайы мын, арвы рухс мæм разынд, дуне та цæрынæн сбæззонхуыз. Фæлæ та уыцы бынаты дæр нымадæй цалдæр мæйы йеддæмæ нæ бафæстиат дæн. Ног шахтæ нæм фæзынд — Фыццæгæм. Гъемæ дын уый цурты фæскуыст фæцæуын. Климов дын мæм дзуры, капита- лон æрзæткъахæнты хицау: — Джанаич, что, пришел осмотреть новые владения свои? Джихауæй кæсгæйæ йæм аззадтæн, стæй йын афтæ зæгъын: — Нал мæ фæнды мæн участочы хицауæй кусын, фæстæмæ мæ сменæйы сæргъы сæвæрут... Цом-ма, зæгъгæ, мæ йемæ ахуыдта, чысыл, дам, ауынаффæтæ кæнæм. Куыд нæ ныббуц уа йæхицæй мæнæйуый — хохаг лæппу! Дынджыр, егъау куыстуаты хицау æй уынаффæмæ ба- цагуырдта! Мæнæ цы хъулæттæ у дуне, мæнæ!.. Бацыдыстæм йæ кусæнуатмæ, мæн сбадын кодта, йæхæдæг лæугæйæ баззад. Мæ зæрдæ скатай: «Ау, ахæм цыдæр мын фехъусын кæндзæн, æмæ лæугæйæ байхъусын мæ бон кæмæ нæ уыдзæн — циу, уагæр?..» — Бардзырдимæ базонгæ дæ? — фæрсы мæ уыцы уæздан æмæ сабырæй. — Цавæр бардзырдимæ? Цы мæгуыр у, цы мæгуыр, чысыл дæр йæхимæ хицауады раз, уæлдайдæр та паддзахады раз, азымджын чи кæсы, уый. Ноджы ма рæстудæй, рæстæй, æнæтæригъæдджынæй. Цы фенхъæлд- тон уыцы уысм бардзырдæн — Хуыцау йæ зонæг. Уралы цæгатæй мæ, зæгъын, Сыбыры бинаг къæймæ ма ’рвитæнт... — Абонæй фæстæмæ ды, Джанаич, нысангонд цæуыс Фыццæгæм шахтæйы хицауæй. Бад, бад! Дæуæн зын куы уыдис, уæд дæ мах æнцондæр куыстмæ раивтам, ноджы ма дын, закъ- он фехалгæйæ, дæ фыццаджы мызд дæр ныууагътам. Ныр афон у дæ »хæс бафидынæн: шахтæ нырма ныр фæзынд дунемæ, æмæ йæ ды хъуамæ йæ къæхтыл фидарæй слæууын кæнай! Стæй дын мæнæй дæр рох нæ уыдзæн дæ хорзракæнд. Уæхимæ, Иры- стонмæ ацæуыны отпуск дын — мæнæй!
ХÆСТОН ФÆНДÆГТÆ — ЗЫНДОНЫ БАЛЦ .<^^^49) Ницуал ын сфæрæзтон зæгъын. 0, 1944 азы февралæй фæстæмæ мах дæр сæрибар кусджытыл нымад уыдыстæм. Шахтæйы уыд æрмæстдæр дыууæ участочы — æрзæткъах- джыты æмæ сыгъдæггæнджыты. Æнæуи та арф нæ уыд, стæй хус, дзæбæх æм цыд уæлдæф. Кусджытæн сæ фылдæр уыдыс- ты мæхи хуызæн æнамæндтæ, хæсты зилдухæнты амæддæгтæ. Хъазуатонæй æмæ хъæппæрисджынæй куыстам ам дæр та, нæ хæслæвæрдтæ уæлдайджынтæй æххæст кодтам. Стæй уалын- джы не ’рзæткъахджытæ афтæ фесгуыхтысты, æмæ сын Цæдисы ’мбал нæ уыд: иу мæймæ хох бакъæртт кодтой 162, 6 метры бæрц! Не ’нтысты тыххæй фыста газет «Правдæ», æмæ уый та мæнæ хъуыддаг нæ уыд. Æрзæткъахджыты бригадирæй куыс- та асыйаг лæппу Созаев. Ныр май, хæсты фæуæлахизы мæй. Иууылдæр цин кæнынц, мысынц хæцæны бонтæ, алы цаутæ. Хъыг та нын куыд нæу, абон мах зæрдæпарахатæй цингæнджытимæ кæй не стæм, уый... Уый хыгъд нын хицауад не сгуыхты фæдыл сæрмагонд бæрæгбон скæнын аккаг хъуыддагыл банымадта, æппæт æрзæткъахджытæ дæр куыстæй сæрибар уыдысты. Уалдзыгон рæсугъд æмæ хъарм бон скодта. Цæугæдон Вограны былгæрон иу дзæбæх бынат равзæрстам, æмлæгъз æмæ цъæх- цъæхид ногдзыд кæрдæгæй æмбæрзт. Хонджытæ дæр арвыстам иннæ шахтæтæм — ау, уæдæ куыд вæййы куывды боа.. Æцæг дзы иу æнахуыр фæзилæн уыд — Климов ныффæдзæхста йæ хæдив- джытæн, цæмæй фехъусын кæной: куывддзау æрмæстдæр æд ус- тытæ цæугæ у! Æмæ бинойнаг кæмæн нæма ис, уый та цы акæна?! Ахæмтæ та, дам, кæнæ сæ зонгæ чызджытимæ ’рбацæуæнт, науæд та бынтон æнæзонгæтимæ дæр, æрмæст æнæ сылгоймаг æмбалæй иу дæр йæ къах ма ’рбавæрæд бæрæгбоны куывдмæ! Мæнæ царциатæ æмæ цирчытæ! Æз дæр пълантæаразæг хайадмæ бацыдтæн æмæ дзы иу чызг — Аннæ Кузнецовамæ ’рхатыдтæн, дæ хорзæхæй, куывддзау æмбалæн мын баком. Сразы. Бæрæг ран мæм банхъæлмæ кæсдзæн, зæгъгæ, баныхас кодтам, æз та уæдмæ, куыстæй уæгъд чи нæ уыд, уыдонæн сæ хæслæвæрдтæ фæбæлвырд кæндзынæн æмæ йæм æмгъуыдыл зындзынæн. Зæрдæ йын куыд бавæрдтон, афтæ бакодтон æмæ тагъд- тагъд уайын нысангонд бынатмæ. Мæ размæ адæмæй дзаг ма- шинæтæ фæвæййынц, адæм та расыгæй хъæлдзæг. Кæйдæрты та сæ устытæ се ’ккæйтты æмпъыхтой. Уæдмæ сси æхсæвы 11 4 Мах дуг№ 11, 2003
(^0Ч^^^^ Дзанайты Никъала сахаты, фæлæ цæй талынг æмæ цæй æндæр: цæгатаг урс æхсæвтæ скодта. Расыг адæймаджы сæры цы фæкуыси уыдзæн, уымæн йæ ардауæг хæйрæг у æмæ, зæгъын, Аннæйы тагъддæр ссарын хъæуы. Уалынджы Климов мæ размæ фæцис: — 0, Джанаич! Ты здесь единственный трезвый человек, так что спасай начальника участка. Æмæ мын цæугæдонырдæм бацамыдта, ома, дам, йæхи найы расыгæй æмæ куы фæдæлдон уа, уымæй йын тас у. Æз азгъорд- тон уырдæм. Участочы хицау уазал доны йæ къубалмæ лæууы æмæ ма йæхимæ Иносаридземæ дæр сиды, уый та йæ былгæ- ронмæ хоны, науæд, дам, суазал уыдзынæ æмæ æрсæйдзынæ. Куыннæ стæй! Кæд сæрд ралæууыд, уæддæр ма дон цым ласта, ихы къæрттытæ дæр-иу дзы ферттывтой. Æз дæр æм хъæр кæнын, рахиз донæй, науæд дæ сабиты сидзæрæй уадзыс, зæгъгæ. Æмæ, дам, дæ мæ сабитимæ ницы кæсы, фæлæ, дам, кæд ды лæг дæ, уæд ардæм, доны астæумæ, рацу æмæ дæ хъуынайы тæф ссæуа. Расыг лæгмæ æнæуи ныхæстæ нæ бахъардзысты, зæгъгæ, ахъуыды кодтон æмæ йын фидистыл схæцыдтæн: — Нæл хуы кæд нæ дæ, уæд цъымарайы цы ныллæсыдтæ?! — Цы, дам, цы — чи дын у нæл хуы? Фæлæуу, мæнæ дæм æз схизон, æз дын, хуы чи у æмæ лæг чи у, уый фенын кæндзынæн! — Рауай, рауай, æз дæ иу ахъаззаг тæвд над ракæнон — кæд дыл уый фæрцы æхснырсæг нæ бахæцид! Ралæгæрста былгæронмæ, сгæпп ласта донæй мадард бæгънæгæй æмæ мыл йæхи рауагъта. Æз лыгъд раттыны размæ дзурын Иносаридземæ: — Йæ дарæс ын атымбыл кæн æмæ нæ фæстæ згъоргæ кæн! Æз цыппæрвадæй уайын, бæгънæг лæг мæ фæдыл ныббындз, фæлæ бирæ нæ бафæрæзта, нозт ын уайтагъд йæ лæф-лæф ссæуын кодта. Цыдæр къодахыл æрбадт, Иносаридзе йын йæ дарæс йæ уæлæ скодта. Аннæ мæм уыйонг бæрæг бынаты фенхъæлмæ каст. Хатыртæ дзы ракурдтон æмæ йæ се ’мдзæрæнмæ бахæццæ кодтон — нæ дыууæйы дæр сæумæйыл куыстмæ цæуын хъуыд, ныр та æмбис- æхсæвы дыууæ сахаты цыдæр уыд. О, куыстмæ 21 минуты бай^æджы кодтай — æнæхъæн бонцухыл дын нымад цыд, дæ тæрхон та рагацау бæрæг æмæ бæлвырд: 6 — 25, ома афæ- дзырдæг дын дæ мыздæн йæ цыппæрæм хай паддзахады пай- дайæн уромдзысты...
ХÆСТОН ФÆНДÆГТÆ — ЗЫНДОНЫ БАЛЦ Уалынджы, бирæ цы бонмæ ’нхъæлмæ кастæн, уый дæр ра- лæууыд — бафарстой мæ, отпусчы ацæуынæн мæм хуыздæр кæцы мæй кæсы, уымæй. Мæ фæлладуадзынмæ Ирыстонмæ... Цас фыдæбæттæ федтон мæ цыбыр царды, цас бæллæхтæн ба- фæрæзтон, цас... Ирыстон... Райгуырæн къона... Раст дзы цыма æнусы размæ уыдтæн, уартæ незаманты кæддæр. Ме ’фсымæр хæсты фæмард, мæ фыд дзы инвалидæй сыздæхт — Хуыцауæй разы, æгайтма уæддæр сæрæгасæй ссардта нæ хæдзар. Афонмæ ме ’нахъом цыппар хойы дæр фæчызытæ сты, змæлынхъом фе- сты... Фесты, уæдæ нæ фесты: тынг бæлвырд хабæрттæ мæм куы æрæрвиты сæ хистæр — райфойы кусæг сси йæхæдæг, сфинансисткæ... Мæ фынты арæхæй-арæхдæр уынын райдыд- тон нæ дзæнæтон хохуæзæг — Елгона... Хъызт зымæг, тыхст зымæг та ралæууыд — кæд ма йæ хорз хъуыды кæнын, уæд уыд 1945 азы декабрь. Мæ поезд у СУБР — Свердловск. Æдæппæт фондз вагоны. Бæлццæттæ та фæндзайæ фылдæр нæ уыдаиккой. Мемæ ма иу зонгæ, уый дæр участочы хицау. Ныр дымгæ футт кæны, митфæлдзæгъдæн хæссы — фæндаг ныгæны. Сым-сымгæнгæ цæуæм размæ, но- джы ма вагæттæ тæвд нæ кæнынц. Тыхтæй-амæлттæй горæт Серовмæ бахæццæ стæм, поезд рæвдздæр згъоры, тындзы раст. Æмбисæхсæв уыдаид, афтæ дзыхълæуд фæкодта, ме ’мбалы хъæрзын ссыд. Циу, цы хабар у, зæгъгæ, йæ фæрсын, фæлæ мæм уый ницы дзуры, рухс та нæи. Æз мæ зажигалкæ ссыгъ- тон — уый йæ роцъойыл хæцы. Йæ къух ын иуварс акодтон, æмæ мæм йæ дæндæгтæ разындысты: йæ бинаг был суанг роцъо- йы онг аскъуыд, æрзæбул фæйнæрдæм. Хорз, æмæ йæ цæфæй туг нæ калд. Мæ фындзыкæлмæрзæнæй йын бабастон йæ был. Сæумæрайсом Свердловскмæ бахæццæ стæм. Ме ’мбал йæхицæн дохтыр агурæг ацыд, æз та хъуамæ йе ’рбаздæхынмæ нæ би- леттæ скомпост кодтаин Мæскуымæ. Нæ хæссинæгтæ æфснайæн камерæйы сæвæрдтон æмæ билетты кассæты цурмæ бацыдтæн. Ныр дыууæ вагзалы дæр кусынц — цы зæронд, цы ног. Æрмæст уæддæр адæмæн нæ фаг кæнынц — дуне дзыллæтæ хъырды кæнынц сæ билеттæ скомпост кæныныл. Æмæ дзы чи нæ уыд, чи — эвакуацийæ здæхджытæ, отпусчы цæуджытæ, команди- ровкæйы æрвыст адæм, ахæстæттæй чи суæгъд, ахæмтæ. Æппæтæй фылдæр та дзы уыд стигъджытæ, давджытæ æмæ дзыпкъахджытæ. Иу кассæйæ иннæмæ цæуын æмæ — дзæгъæлы. Фырадæргæй
/^52^^--^ Дзанайты Никъала ма цы акодтаин, уый нал зыдтон. Ме ’мбал дæр нæй. Ныр тагъд фæзындзæн Мæскуыйы поезд. Мæ тыхстæй уынгмæ рацыдтæн, мæхи иуварс байстон æмæ сагъдауæй лæууын, сагъæстæ кæнын, ныр куыд æмæ цы чындæуа, зæгъгæ. Æмæ мæ зæрдыл æрбалæууыд уæдыккон ныхасыздæхт: «Не подмажешь — не поедешь. Блат выше наркома путей сообщения...» Мæнæ иу лæппулæг æрбацæуы, йæ сæрыл сырхгопджын худ — станцæйы дежурнæй. Æз ын йæ фæндаг ахгæдтон: — Добрый день... или уже даже вечер! Мне надо, непремен- но надо уехать на московском поезде. — Уезжай. Я тебя не держу. — Помогите закомпостировать билеты. Два. В долгу не ос- танусь... Æдзынæг мæм æрбакаст, стæй: — По куску на билет. Æз æм нæ дыууæ билеты æмæ дыууæ мины æхца радтон. — В восемь спросите в восьмой кассе! — азылд æмæ уартæ фæцæуы. Ныр чи у, ныр цы лæг у — ацу æмæ йæ базон, фæлæ мын хуыздæр гæнæн нæ уыд. Дыууæ мины та мулк уыдысты, но~ джы ма нæ билеттæ... Поезд хъуамæ Свердловскæй араст уыдаид 9 сахаты æмæ 28 минутыл. Нырма рæстæг уыд уырдæмты, фæлæ уæддæр ме ’мбал кæм ныффæстиат уыдаид, зæгъгæ, ракæс-бакæс кæнын алырдæмты. Агурæг та йæм кæдæм ацæуон... Фæстæмæ мидæмæ бацыдтæн. Адæм фæсуцца сты, се ’мгæрæтты ауайæн нæй, иууылдæр мæстæй хæлынц: кассæтæ нæдæр ног билеттæ уæй кæнынц, нæдæр транзитон бæлццæтты билеттæ компост кæнынц — дæхи зæххыл дæр ныххой, ничи дын фæтæригьæд кæндзæн, ничи дын бамбардзæн дæ уавæр æмæ дын нæ баххуыс кæндзæн. Æмæ та мæнæн дæр мæ гуырысхотæ сног сты: ау, лæгыл æрмæст йæ сырх-сырхид худы тыххæй куыд бау- уæндыдтæн? Ныр мæ цæхджын сайд акодта, зæгъгæ, уæд æй кæм агурдзынæн, кæмæ хæсдзынæн мæ хъаст? Стæй дæ уавæры бахъ- аст кæн æмæ дын дæхи фæазымджын кæндзысты... Фырмæстæй мæ исты скомдзаг кæнын дæр ма ферох. Æстæм сахат фембис, афтæ фæзынд мæ быллыг æмбал — ссардта сæрмагонд рынчындон æмæ йын уым йæ былы скъуыд бахуыдтой цалдæр сынкæй. Уый уал дын хорз. Хабар ын радзырдтон. Аст сахатмæ бирæ нал хъуыд, афтæ æстæм кассæйы рудзынггонд уæздан бахостон. Иу
ХÆСТОН ФÆНДÆГТÆ — ЗЫНДОНЫ БАЛЦ ^и^^оЗ) æрыгон сылгоймаг мæ бафарста, цы мæ хъæуы, уымæй. Загъ- тон ын мæ курдиат. — Мæскуымæ цæут? — 0. Нæ билеттæ мæм цæттæйæ ралæвæрдта. Цин дæр куыд нæ кодтон, фæлæ... Ды уал уым шахтæйы дæ нуæрттæ скъуын мин сомы номыл, уый та сæ... адон та сæ... Нæ, уæдæмæ, дуне хъулонæй равзæрд æмæ хъулонæй баззайдзæн, хæраймагæй, йæ хæрды суайæнтæ æмæ уырдыджы нызгъорæнтимæ... Поезд станцæмæ æрбалæвæрдтой æнæхъæн æртæ сахаты фæстæдæр. Мæнæ нæ вагон. Адæм мидæмæ бырсынц, ноджы ма тæккæ бахизæны къордæй батыгуыр сты цыдæр æнахуыр къобор лæппутæ æмæ адæмы расхой-басхой кæнынц, æнæ радæй кæдæм бырсут, зæгъгæ. Мæ билет мæ къухы дарын, мæ чыссæ æмæ мæ иннæ документтæ та мæ пъалтойæн йæ мидæггаг дзыппы сæвæрдтон. Кæд уазал уыд, уæддæр уыцы рассон-бассонгæнгæйæ раст схид дæн æмæ мæ пъалтойы цæппæртæ суæгъд кодтон. Ме ’рагъыл рюкзак, мæ галиу къухы чысыл чумæдан, рахиз къух — сæрибар. Мæ разæй цавæрдæр сылгоймаг дынджыр дзæкъул- мæкъултимæ тæккæ бахизæны ныссагъд, æмæ нæдæр йæ иувæрсты баивгъуыйдзынæ, нæдæр, кæйдæр загъдау, йæ сæрты. Æз ын мæ рахиз къухæй йæ дзæкъултæ радыгай тамбурмæ баппæрстон, йæхицæн дæр ын феххуыс кодтон фæмидæгæй уæвынмæ, æмæ ’рмæст уæд мæхæдæг дæр баирвæзтæн вагонмæ. Мæнæ нæ купе дæр. Бафснайдтон мæ дзаумæттæ, æруагътон мæхи зæрдæнцойæ, асгæрстон мæ мидæггаг дзыппытæ æмæ... Æмæ мæ туг ауазал: нал дæр чыссæ, нал дæр иннæ документтæ! Уый дын дзы бæллæхты бæллæхдæр! Уыцы къобор лæппуты куыст у цыфæндыйæ дæр: барæй ад- æмы рассон-бассон кодтой сæ иутæ, иннæтæ та уыцы рæстæг дзыппытæ къахтой. Æмæ ма ныр æз чи дæн æнæ паспорт, æнæ поезды цæуыны сæрмагонд бардæттæг гæххæтт, æнæ æфсæддон билет, æнæ хойраджы карточкæтæ, æнæ ’хца — æрмæст ма мæм мæ билет баззад поезд Мæскуы-Орджоникидземæ. Вагзалы иу ацæргæ милиционер лæууыд, мæ хабар ын ра- кодтон, куыд кæнон, цы кæнон ахæм уавæры, уымæй йæ фæрсын. — Цы дын зæгъон ныфсы хосæн... Милицæйы хайадтыл дæ зилын хъæудзæн — чи зоны, æмæ дын дæ документтæ баппа- рой, æцæг карточкæтæ æмæ де ’хцайыл дæ къух ауигъ.
/54^-.--^-«^ Дзанайты Никъала ^^5^ Ме ’мбалæн фæндараст загътон æмæ рахызтæн поездæй, æндæр уæдæ цы акодтаин — æнæ документтæй мæ ’рцахста- иккой искæцы станцæйы æмæ мæ фæмидæгæй кодтаиккой. Райсомæй станцæйы милицæйы хицаумæ æд курдиат ба- цыдтæн. Цыма бон цалдæр хатты фæисы ахæм курдиæттæ, уыйау йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта, авæрдта йæ йæ секре- тарьмæ: — Запроси подтверждение. Рацыдтæн залмæ, фæлæ уæддæр секретарьмæ банхъæлмæ кастæн æмæ йæм æрхатыдтæн, цæмæй уыцы запрос телеграм- мæйы фæрцы скæна. — У нас на телеграммы нет денег. Мæ хардзæй йæ, зæгъын, арвит. Хорз, дам, фæлæ уæддæр дзуапп къуырийæ раздæр нæ уыдзæн. Ахæм ма дзы цъысымы бахаугæ уа! Цыдæриддæр мæм бæззон дзаумæттæ уыд, уыдон ауæй кодтон — къухылдаргæ швейца- рийаг замманай сахат, рюкзак, хъарм мидæггæгтæ, мæ пъалто та дæрдджын пинджакæй баивтон, чысыл ма дзы æхца дæр райстон, афтæмæй. Æмæ милицæйы хайадтыл зилын райдыд- тон, æфсæнвæндагмæ хæстæг та уыдон уыдысты æнæхъæн æвддæс. Бæрæг дардтон хицауы дæр, уый дæр-иу алы хатт дæр йæ секретарæн фæдзæхста запрос скæнын. Афтæмæй мæ уд мæ хъуырмæ сси, мæ хъысмæтскæнæджы-иу нылгъыстон. Иу хорз, æмæ ма мæ билет мæхимæ баззад, æндæр мæ мидæмæ залмæ нæ уагътаиккой. Ныр уынджы та уазал тъæппытæ хауы, уаддымгæ сысты, акæсæнтæ æмæ азмæлæнтæ нал вæййы. Мидæмæ куы байсын мæхи, уæд къулæнцой слæууын æмæ цырддзастæй хъахъхъæнын, уæдæ кæд исчи сыстид æмæ лæгæн йæхи æруадзыны фадат фæуаид, зæгъгæ. Уæгъд бынатыл мæхи ныццæвын — кæд хъæбатыр бандоныл бадгæйæ мæ фæллад чысыл ссæуид, кæд мын бадгæ-бадыны иу цъус афынæй кæнын дæр бантысид... Мæйæ фылдæр афтæ уыхеры кæнын. Фырмæтæй мыл куы ницы ’рцæуид, куы ницы фыдбылыз саразин, зæгъгæ, мæхи са- быртæ кæнын, алы ныфсытæ ’вæрын мæхицæн. Уæддæр мæ быхсæн фæрæзтæ цæстуынгæйæ ихсийынц, лæгæй ма мæ ай- дагъаууон куы баззайа, уымæй тæрсын. Милицæйы хицаумæ цал курдиаты балæвæрдтон, уыдоны нымæцæн Хуыцау сæ зонæг, фæлæ йæм фæстаг курдиаты ныффыстон: «Прошу Вас последний раз: дайте мне или возможность выехать по назна-
ХÆСТОН ФÆНДÆГТÆ — ЗЫНДОНЫ БАЛЦ ^^5?) чению, или взять меня под стражу. У меня не осталось сил терпеть мое неопределенное положение». Нæ йæ зонын, цы йыл амбæлдаид, цы ахъуыды кодтаид, уый, æрмæст мын мæ курдиатыл цæхгæрмæ ныффыста: «Вы- писать пропуск на СУБР». Тыхтæй-амæлттæй билеты фаг æрæмбырд кодтон цыдæр капеччытæ æмæ фæстæмæ «уацармæ» здæхын, райгуырæн бæстæм чъылдымыздæхт фæдæн. Схæц-æрхæцгæнгæ бахæццæ поезд СУБР-мæ. Иу ранмæ дæр нæ, фæлæ мæ ных комкоммæ милицæмæ сарæзтон, горæ- ты хайады хицаумæ — мæ къухы, Свердловскæй сæм цы телтæ фæцавтон, уыдоны квитанцитæ, запросты къопитæ. Фæрсын сæ: — Ацы запростæ нæ истат, нæ уæм хæццæ кодтой мæ телтæ? — Истам. Хæццæ нæм кодтой. Гъемæ — цы?! — Ау, æмæ сын уæд дзуапп цæуыннæ лæвæрдтат? — Махмæ телтæ цæвынæн æхца нæй. Писмойæ сæ куы ба- цагуырдтаис дæ гæххæттытæ, уæд дын сæ, чи зоны, æмæ арвыс- таиккам... Мæхи мын фæзылынджын кодтой. Фæлæ мын уый хыгъд ног документтæ иууылдæр æртæ бонмæ бацæттæ кодтой, хой- раджы карточкæтæй фæстæмæ — уыдон дыккаг хатт нæ лæвæрдтой, сыдæй куы мардаис сæ цæстыты. цур, уæддæр. Цыдæр муртæ ма мын кæй баззад бухгалтерийæ райсинаг, уыдо- ныл дæр бацин кодтон. Мæ фæд-мæ фæд та цæуын. Фылдæр хуысгæ куыд кæнон, ууыл архайын — уæд мæ хойраджы фæлхас къаддæр уыдзæн. Свердловскмæ куыддæр бахæццæ стæм, афтæ æз раздæрау дзæгъæлгаст нал уыдтæн, зыдтон æй, билет скомпост кæнынæн цы саразын хъæуы, уый... Мæ цæст дыууæ лæгыл андæгъд, æмхуызон сæвджынтæ, сæхи хибарæй дарынц. Мæхи сæм хæстæг баластон, фæрсын сæ: — Давно прибыли сюда? — А тебе какое до этого дело?! — сæ иу мæм йе ’ргом раздæхта, йæ цæстæнгасæй мæ сæрæй бынмæ сбарста. — Никакого... Но если желаете закомпостировать свои би- леты, то могу подсобить... Сæ дыууæ дæр хорз уæлæдарæсы, хæрзхуызтæ — чи зоны, æмæ сыл мæ цæст дæр уымæн æрæвæрдтон, кæд мæм сæ исты ’рхауид, зæгъгæ, уый æнхъæлæй. Цыдæртæ аныхæстæ кодтой сæхи мидæг æмæ мемæ цæди- сы бацæуыныл сразы сты. Æз сын бамбарын кодтон, райсом
^б^^з^г*^ Дзанайты Никъала сæ мемæ кусынмæ ацæуын кæй бахъæудзæн æфсæн фæндаг митæй сыгъдæг кæнынмæ, уый. Уæд нын сырххудджынтæй исчи нæ билеттæ скомпост кæндзæн, науæд ам бадгæйæ лæг базæ- ронд уыдзæн. Æз куыд загътон, афтæ бакодтам райсомæй. Тынг уазал бон скодта, ноджы ма ацы æнæхайыры дымгæ уæнгты иннæрдæм хызт. Стыр хъазуатæй та кусын, куыд не суазал уон, афтæ. Мæ дыууæ ног æмбалы дæр нæ ауæрдынц сæхиуыл. Фæскуыст мын басастысты, ахстæй кæй ссæрибар сты, ууыл. Æмæ, дам, мах тынг рагæй нал куыстам афтæ зæрдиагæй — дæ куыст нæ бар- æнæбары амидин кодта. Жетонтæ нын байуæрста, чи нæ баххуырста, уыцы сырххуд- джын лæг æмæ нæ билеттæ уыдонмæ гæсгæ скомпост кодтам. Поезд дæр ацы хатт афойнадыл æрбалæвæрдтой станцæмæ. Къобор лæппутæ та сæ куысты уæлхъус уыдысты, къахтой дзып- пытæ, фæлæ махæй ницы фæфос кодтой. Цалынмæ Мæскуы- мæ хæццæ кодтам, уæдмæ мæм мæ ног зонгæтæ хæрдæй чы- сыл фæкастысты, стæй кæрæдзийæн хæрзбон загътам. Кæм æрхызтæн поездæй, уый Хъазаны вагзал уыд, æмæ уырдыгæй нæхионмæ, Курсчы вагзалмæ ’рбацыдтæн. Мæ тæрттæ байтыгътон — ам æрмæстдæр 10 градусы йеддæмæ нæ уыд уазал, Свердловскы та — 40. Адæм уый кæцæй хъуамæ зыдта- иккой æмæ мæм дисгæнгæ кастысты. Сбадтæн æнæ къуылым- пыйæ Мæскуыйæ Бакумæ цæуæг поезды — афтæ тындзыдта размæ, цыма йæ зонгæ кодта, мæнмæ хæрдæй æрмæстдæр дзулы иу карстæй фалæмæ кæй ницуал ис, уый. Стæй ма иу хъæдындз — куыддæр Минводмæ схæццæ стæм, афтæ мæ фæстаг сомæй иу агуывзæ суары æнхъизгæ дон балхæдтон, мæ къæбæр æмæ хъæдындзæй мæхи хорз федтон. Æмæ Ирыстонмæ куыд хæстæгдæр кодта поезд, афтæ æз та мæтджынæй мæтджындæр кодтон: куыд фæцæудзынæн Ала- гирмæ, Алагирæй нæхимæ — Елгонамæ? Фидарæй скарстон: раздæр уал цæуын комкоммæ Мæхъхъæлы бæстæм. Карабу- лачы станцæмæ! Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ мæм мæ хоты хистæр фыста, зæгъгæ, хохаг адæмы тыхтардæй мæхъхъæлы хъæутæм тæрынц, æмæ, дам, нæ фыд дæр иу хъæуы — Яндыркæ йæ ном, — хæдзар æрцахста. Карабулакæй йæм 12 — 13 километры уыдзæн. Мад та нæ бакуымдта хохæй ралидзын — кæйдæр
ХÆСТОН ФÆНДÆГТÆ — ЗЫНДОНЫ БАЛЦ у^г^^^ цæттæ фæллæйттæ, дам, раст лæгæн никуы батайдзысты, мас- ты хос нын фæуыдзысты мæхъхъæлы цæттæ бынтæ... Иры бæстæ, мæ хоты цинтæ-хъæбыстæ, рафæрс-бафæрстæ, Яндыркæйæ нæхимæ, Елгонамæ фæндаг, райгуырæн хæхбæсты уынд уал азы фæстæ — ноджы ма цы хуызæн азты фæстæ! — уыдон радзурынæн-ныффыссынæн мæ хъарутæ æгæр лæмæгъ æмæ мæ гæнæнтæ та æгæр къуындæг сты, уыцы курдиат Къо- ста æмæ Нигеры хай фæцис, ме ’мкоймæгты... Фæлæ уæддæр абон, 60 азы фæстæ, æз фидарæй зæгъын: мæ уæззау царды дæргъы æз никуы ницæмæй фæчъизи кодтон мæ ирон ном, мæ лæджы кад, мæ намыс. Стыр ныхас кæд у, уæд та мын хатырæй фæуæд. Хуыцаумæ цы бирæ хорзæхтæ ис, уыдонæй буц, хайджын ут. Дзæуджыхъæу, 2003 аз.
ХÆМЫЦАТЫ Албег МЕ ’РТÆ ЧЪИРИЙЫ * * * Æрфынæй урс мигъ сау хохы дæлбазыр, Йæ сæрмæ — цъити, дунемæ кæсы. Мæ бæллиц нæу æнкъард фæндтимæ разы, Кæдæмдæр мæ йæ базыртыл хæссы. Тæхы уый дардмæ арвы цъæхы маргъау, Цæргæсау сисы бæрзæндтæм йæхи. Уыны дæрддзæф фæрнæйдзаг бæстæ - аргъау, Уым нæй фыдракæнд, топпы гæрах, хин. Цæрынц уым адæм ’фсымæртау æмзондæй, Сæ зæрдæты — æрдхæрæны рухс, уарзт. Уым хъама лæг нæ фæцъортт кæндзæн сонтæй, Уым ничи зоны фидис æмæ маст. Тæхы мæ бæллиц, раст цыма фæдисон, Дымгæйау коммæ нал кæсы æппын: Цы хъæд, бецау, нæ басгары цыуанон, Фæхоны уый хъæздыг бынат, сырдджын. ’к к к Кæнынц бæхбадт æнкъард къæдзæхтыл мигътæ. Нымбæхст тыччыйау комнарæджы хъæу. Сæхи æрбайстой сау халæттæ тигътæм. Мæ къæс æдас хъæддаг дымгæйæ нæу. Цæстгай хæхбæстæ аныгъуылди тары. Йæ кой, йæ хъæр дæр боны рухсæн нæй. Фæззыгон къæвда даст къуылдымтыл уары. Æвдæрзы дурты цæугæдон бынæй.
МЕ ’РТÆ ЧЪИРИЙЫ л ^ <^о^ «----^------^-««---«-^-^ .^У^^^ Э У ь Бæгънæг хъæд фахсыл, тарст сидзæрау, ризы. Тырсыгом у æрхæндæг æмæ хаст. Æфтауы мæн тызмæг боныхъæд дисы: Ысныв кодта мæ зæрдæйы уаг, маст... ’к * ’к Базæронд нæ фæткъуыбæлас кæрты, Нал зайы йæ хус къалиутыл дыргъ. Хатт æрæфты бур фæззæг йæ зæрдыл, — Дардтой-иу рæгъæд фæткъуытæ сырх. Хъазыд дымгæ, хъарм уддзæф йæ сыфтæй, Райсомæй-иу фестади фæндыр. Зæрдæ ради хохаг æрдз, йæ нывтæй. У фæлладхуыз, хаст сидзæрау, ныр. Ферох ис йæ хорз хæлæрттæ - мæргътæй, Нал хъуысы сæумæрайсом сæ зард. Баджих æм ис митын æфцæг хæхтæй. Алыгъди кæддæры уалдзæг дард. Азар та цæхæркалгæ йæ цонгыл Хъуссæгау æрцауындзæг и мæй, Нæу цыма зæронд каримæ зонгæ, Уыйау худы мæйрухсмæ фæрнæй. Фæлæ амбæхст мæйы ’взист цалх мигъты. Ногæй кæрты иунæгæй нынкъард! Уый кæны мæн хуызæн, мæгуыр, джихтæ, У мæ цардау уымæн дæр йæ цард... * * * Дæлдзæх фæут, мæ зарæджы рæнхъытæ! Фыдæнæн мыл ыстыхстыстут кæлмытау. Ныр мын персайнаг гауыз дæр æрытау, - Уыдзæн мæ фæндаг гакъæттæ, дзыхъхъытæ.
Хæмыцаты Албег Уæ ныхмæ тохы ницы у гæвзыкк лæг, - Дзæнхъа тохси мын сарæзтат мæ удæй. Уæхи æвдисут адæммæ рæсугъдæй, Вæййын æз та, фæллад галау, æрхæндæг. Мæ къæсмæ арвæй нал фæкæсы хур дæр. Уынгæджы дæн, хæрз уынгæджы сымахæй. Цæут æдзух мæ рухс бæллицтыл къахæй, - Нымад уæм нæу мæ уæззау тухæн мурдæр. Ыссарут мæ мæйдары дæр æнцонæй. Мæ цин мын уаты, рухсы тынау, марут. Уæ дæлбар мæ амынæт - лæгæй дарут. Ныддур и зæрдæ у’ ахæсты зындонæй. Мæ бон уæ нал у... Уадзут мæ мæхи бар. Æрбайсæфут дæлимонтау мæ цурæй! Фæлæ тæрсын... куы фæцух уон уæ хурæй, Уæд мæ цæмæн, цæмæн хъæуы сæрибар?.. РАГУАЛДЗÆГ Къуыбæрттæй мит бæгънæг къалиутæй хауы. Цъæх æвгтау ласы их-фæзгъæртæ дон. Чъынды хур хатт йæ хæрдгæ тынтæ тауы. Рынчын сабийау бахъæлдзæг и бон. Æргъæвстæй бандзыг нарæг комы урс мигъ. Фæцуды фахсыл хъал дымгæмæ хъæд. Нымдзаст и хъæумæ рох къæдзæхы цъупп тигъ. Æмбæхсы зымæг ададжы йæ фæд. Бæрзондæй цæргæс цъититыл фæлгæсы. Тызмæг зæй-сырд ныхситт кæны æваст. Йæ уазал тымыгъ тар хæхтыл фæхæссы, Тыххæй ма калы къуылдымтыл йæ маст. Хæххон дæттæн сæ хъæлæба фæкарздæр, - Цæуылдæр дзурынц дуртимæ хъæрæй. Фæзынди уалдзæг каурæбынмæ раздæр, - Ныккæнæн та цъæх пысырайæн нæй!
МЕ ’РТÆ ЧЪИРИЙЫ * * * Тæхгæ ’фсургъæн нæ хæст кæнын йæ барцыл, Цы мæрддаг у, нæ йæ ’мбарын æппын, Мæхи ыскъуырын сау къæдзæхы арцыл, - Нæ йæм хъары хъæдгом уды рыст, зын! Тæхы дымгæйау тыгъд быдырты, хæхты, Æрфæнау у сæрыстыр æмæ хъал. Æскъæфы мæн сæрсæфæн рæтты, рæгътыл, Йæ цинæн хатгай нал вæййы æмбал. Нæ мары мурдæр арвы цæлхъ йæ цуры. Нымад æм не сты митфæлдзæгъдæн, уад. Цыппæрвадыгæй хуры тæлы суры, — Уый не ’ндавы зæххон лæджы маст, кад? Тæхы æдзух... Кæдæм тæхы — нæ зоны, Йæ балцæн нæй бæлвырд нысан, сæрфат. Уæйыгау арфмæ балæгæрды доны, Зын сахат фесты хæхты сæрмæ фат. Нæ фæлмæцы фæндаджы рыгæй, даргъæй, — Цъæх арвгæронмæ сарæзта йæ ных. Æрцæйхауын, гыццыл куырисау, саргъæй, Цæрынæн уæнгты нал аззайы тых. Уæддæр нæ лæууы иунæг уысм æрхъæцмæ. Ыскъæфы мæн — фæллад бæлццоны дард. Ныхъхъуыстон ын йæ цæфхæдты къæрцц-къæрцмæ: Цæй æфсургъ у? Уый масты дзæкъул —- Цард... ДЗЫЦЦА Æхсайы та дæ рыст зæрдæ мæнмæ, Дæ цæстытыл æнахуыр фынтæ уайы, Цыма нæ зынын дард балцæй хъæмæ, Цыдæр хæйрæг мæ сæрсæфæнмæ сайы.
Хæмыцаты Албег Нæ цæуы размæ, мара зæгъ, мæ бæх, Ныббыцæу кодта уырдыджы йæ къæхтæ, Хуырау лæбыры м ’акомкоммæ зæхх, Кæсынц бынмæ æрхауынæввонг хæхтæ, Æваст тызмæг ныххæррæтт кодта зæй, Æд бæх мæ, дурау, аныхъуырдта комы. ... Ды фестъæлфыдтæ! Нал кодтай фынæй, Æртæ чъирийы акодтай мæ номыл... * * * Бæллиц та мæ бæрзонд æфцгуытæм хоны, Сæ цъуппытыл æрфынæй кодта мит. Ам кæмттæ дарынц урс мигъты сæ роны, Кæны тыхдымгæ къуылдымтыл æхситт. Тæссаг рæтты дзæбидыр-дзугтæ хизынц. Æваст зæйы тахт ацахсы мæ цæст. Æхсæрдзæнтæ къæдзæх фæхстыл æнхъизынц. Бынæй фынк дæттæн бацайдагъ и хæст. Цъæх уыгæрдæнæй хосдзæутты зард хъуысы. Йæ хъæбыс хурмæ байгом кодта цад. Хæстæг хъæугæрон куыйты рæйын сысы. Нæ лæууы хъуыды, байрагау, æнцад. Хæххон цæргæс уæзбын мæ сæрмæ зилы. Æмбæхсы аууон хъæдбыны йæ таг. Ыскъуыдтæй фахсыл хохаг фæндаг хилы, — Ысхæццæ рагъмæ, бонрухсау, фыццаг. Уынын та ног дзæнæтбæстæ мæ цуры. Йæ цинæн зæрдæ нал ары кæрон! Мæ фæндты дард фын — сабидуджы сурын, Фæлæ йæ нал у баййафын мæ бон... * * * Фæсыпп æвиппайд хъал мæргътæн сæ зарын, Хæснагæн уынгты цъиуызмæлæг нæй. Сæх-сæх кæны нæ гыццыл хъæуыл уарын, Ныннæры дардыл арвы нæрд хъæрæй.
МЕ ’РТÆ ЧЪИРИЙЫ ^^^б^ Сæхи нымбæхстой урс къæдзæхтæ, кæмттæ. Ныттар лæгæтау Хъасара бынтон. Бырсынц цæгатæй сау мигъы æргъæмттæ, Сæ балцæн хæхтæм нал зонынц кæрон. Æрмæст ма хъуысы знæт дæтты хъæр — хъаугъа, Мæ ивгъуыдау фæдæлдон и сæ цин. Дада-иу кодта ахæм рæстæг аргъау, Ныр уый дæр нал и... аргъау дæр фæци... * * * Уыдтæн сæрæн гуырд урс хæхты æз дæр, Нæрыди кæмтты, къуылдымтыл мæ зарæг. Кæм уыд мæхицæй хосдзау лæг хуыздæр! — Хуыдтой мæ адæм саг фæдисон — барæг. Ныр уæнгтыл бады, хох-пъæззыйау, кар, Уæззау дурау мæ нал уадзы ызмæлын. Ныззаууат и мæ рох къæсæн йæ цар, Мæ удау уый дæр базæронд, æркæлы. Æххуысмæ ничи, ничи ис зынæг, Ыскодта мæ фæсус хуыфæг йæ быны. Хъуызы мæ цурмæ сау адзал сындæг. Хуыцау дæр мæ тыхст уавæры нæ уыны. Хъысмæт æвзиды: уый та дын мæ цæф! Тындзы кæдæмдæр змæст рæстæг æмырæй. Æрмæст ма дымгæ — митæвдылд сæнтдзæф Фæзыны хатт мæ саст дуары зыхъхъырæй... •к ’к * Мæ цæстытæм цы нымдзаст дæ, мæлæт? Цæмæй дæн аххосджын дæ разы? Ныссагъта мæ йæ марг ныхтæ хъысмæт, Мæ рыст удæй, сыфтæрау, хъазы. Мæн сисы уый, бындзыг мигъау, бæрзонд, Мæстæй мæ сæрсæфæнмæ фехсы. Фæцыд бынтон, хæйрæджджынау, йæ зонд, — Нæ быхсы мисхал фидыд не ’хсæн.
- -~ Хæмыцаты Албег х^х Нæ тох цæуыл у — бамбарæн ын нæй, Мæн, баст куыдзау, йæ кæрты дары. Ныххуды ’васт мæ зарæгыл хъæрæй, Мæ бæллиц мын фыдæхæй мары. Ды йемæ скодтай сусæгæй цæдис, Кæныс хъыззы-хъыззы мæ цардмæ. Ды не ’мбарыс мæ зæрдæйы маст, рис, — Бæллыс, фыдызнагау, мæ мардмæ. Зæгъ-ма æргом: цы дын кодтон, мæлæт? Цæмæй дæн аххосджын дæ разы? Ныссагъта мæ йæ марг ныхтæ хъысмæт, Мæ раст удæй, сыфтæрау, хъазы. Æмæ фæлæуу! Цы тагъд кæныс? Дæ рын Мæныл цы æфтауыс рынчынæй? — Мæн ма фæнды нæ урс хæхты цæрын, Нæма сæм бафсæстæн кæсынæй... ’к ’к гк Æрныгуылд мыл кæйдæр уæзæгыл хур. Æцæгæлон тыгъд быдыртæ — мæ разы. Мæ фарсмæ — хъæд, йæ коцора фæбур. Бæрзонд мигъты æвзист æхсырф мæй хъазы. Хæстæг ран хизы, кæрдæгыл мæ бæх, Йæ мерс-мерс мæм, цæвæджы ’хситтау, хъуысы. Зыны дæрддзæфæй хъал горæт дзæбæх, Йæ сæрмæ бонрухс, урс æврагъау, сысы. Кæдæмдæр лидзы хъарм дымгæ мæнæй. Фæззыгон изæр бацыди йæ рады. Мæ тыхст зæрдæйы иу цины мур нæй, — Æрхæндæгæй гыццыл арты цур бадын. Уыдтæн, бæргæ, мæ бæллицты цæргæс! Ныр мæ фæцу ’мæ ма ’рцуйы балц сайы. Уæззау сагъæсы ’рымысын нæ къæс, Мæ цæстытыл Хъазыбеджы хох уайы...
МЕ ’РТÆ ЧЪИРИЙЫ * * * Зымæг дымгæйæ къæс рæхойы. Кæрты хъазы йæхицæн хъызт. Зæрдæ къултыл йæхи ныххойы, Нæу уыромын мæ бон йæ рыст... Бадын, иунæг, æнæ дæу, уаты. Æхсæв — афæдз, бынтон ныддаргъ. Гæды пецыл тымбылтæй бады — У йын хъарм ран, кæрцау, зынаргъ. Цырагъ хатгай чысыл фæцуды, Иуварс ивазы рухс цыдæр. Къулæй аив дæ хуызист худы, — Дæ Сатанайæ ды хуыздæр. Фестад дуне дæ фæстæ тар хъæд. Нæй мæ сагъæстæн фæтк, кæрон... Мысын дæу, дзыцца, мысын алкæд, ’Хсæв мыл нал кæны, оххай, бон. Зымæг дымгæйæ къæс рæхойы. Кæрты хъазы йæхицæн хъызт. Зæрдæ къултыл йæхи ныххойы. Нæу уромын мæ бон йæ рыст... * * * Тыгъд быдыры астæу — фыдæлты обау, Уый нал уыны зæххыл бæрзондæй Хуыцау. Зымæг ыл ныууары уæрагæмбæрц мит, Æрра дымгæ сисы йæ цуры къуыззитт. Йæ кæддæры фарныл æрныгуылди хур, Ныффæлдæхта ууыл уæззау рæстæг дур. Йæ ингæнты бандзыг нæ фыдæлты кад, — Нæ уыдысты тохы фæстæзад, æгад. Цыдысты ыстæрты, сæ балцвæндаг — даргъ, Нæ уæндыд сæ сæрты æрбатæхын маргъ. 5 Мах дуг № 11, 2003
Хæмыцаты Албег Цыргъ цирыхъты сонт хъæр, сæ бæхты мыр-мыр Ныссабыр æнусты, хъуына дуртау, ныр. Сæ обауыл бады æхсæвыгон уыг, Сæ рох мæрдтæ, ивгъуыд — хуымæтæджы рыг. Тыгъд быдыры астæу — фыдæлты обау, Уый нал уыны зæххыл бæрзондæй Хуыцау... ’к ’к * Дайраны мыл æрталынг ис кæддæр. Уыд æхсæв диссаг — нарты таурæгъ, аргъау! Мæ сæрмæ калдтой стъалытæ цæхæр. Фынк æхсæрдзæн бæрзонд къæдзæхыл рахауд. Ныгъуылди Теркæн нарæджы йæ балц, Хъуырдухæн кодтой уылæнтимæ дуртæ. Хъазыбег дардта арвы цъæхмæ й’ арц, Нæ уыдис риуы сагъæсы фæд мур дæр. Ысуагътон иуварс кæрдæгыл мæ бæх. Æддæуæз тарæй бирæгъты ниуд хъуысти. Зынди мæм хæхты митын рагъ дзæбæх. Тæссаг цъуппыл ныллæг бæлас æнкъуысти. Лæууыд æнцад къæдз-мæдз уаццагыл мæй, Йæ тынтæ ризгæ хъазыдысты доны. Фырцинæй иуцъус нал кодтон фынæй, — Мæн арф ком, мадау, бакодта йæ роны... * * * Мæ царды цалх ныгуылæнмæ фæтулы, Дыдзы тынау ма къæдзæхтыл хæцын. Æз нал фендзынæн рухс боны скаст, хуры, Ныууадздзынæн æмдзæвгæтæ фыссын! Мæрдтыбæстæй ыздæхæн нæй фæстæмæ, Фæлæ цы мары сау адзал, йæ тас? Мæ уд æртæхдзæн райгуырæн бæстæмæ, Кæндзæн мæнау нæ хæхтимæ ныхас...
РЕУАЗТЫ Верæ «ХÆРЗБОН, ÆНЦОЙДЗИНАД-.» Арын дзы мæ мад Софя æмæ ме ’фсымæр, хистæр лейтенант Максимы рухс нæмттæ. æст куы райдыдта, уæд мыл цыди фынддæс азы. Бинонтæ мæ ской кæнын дæр нæ бауагътаиккой, хæстмæ цæ- уын, зæгъгæ, куы загътаин, уæд, фæлæ алыгъдтæн. Змейкæйы иу æлыгкъул хæдзары къамисы сæргълæууæг афи- цермæ бавдыстон мæ фæскомцæдисон билет. Зæгъын, райс мæ хæцæг æфсадмæ. Æркасти мæ билетмæ æмæ загъта: «Ацу дæ мадмæ». Æмæ æрæвæрдта билет мæ разы. Мæ цæссыгтæ æрызгъæлдысты билетыл... Дыккаг бон Змейкæйы хъæусоветы сек- ретарæй ракуырдтон ручкæ æмæ сау туш. Мæ билеты мæ райгуырды аз фыст уыди 1927. Æз бавдæлдтæн æмæ авдæй скод- тон дыууæ, ома, райгуырдтæн 1922 азы Изæрырдæм фæраст дæн ногæй къа- мисмæ. Ныр уым æндæр афицертæ бад- тысты. Дæлбулкъон лæууыди сæ цуры Æркастысты билетмæ. Аныхæстæ код- той æмæ дæлбулкъон загъта: «Ныффысс æй 271-æм фистæг дивизимæ. Ныртæккæ Змейкæйæ чысыл дарддæр лæууы». Мæ цыппар æфсымæрьг. Микъала, Габ- ре, Хъазыбег, Батырбег уыдысты хæсты.
Реуазты Верæ Максим, сæ кæстæр, 1942 азы июны каст фæци горæт Орджо- никидзейы фистæг æфсæддонты дыккæгæм училище, сси кæстæр лейтенант æмæ уый дæр хæцыди знаджы ныхмæ. Змейкæйы раз тохы быдырмæ мæн нæ уагътой, кæд мæм гæххæтт уыдис, уæддæр. Нæ сын бакуымдтон ратæрын. Æмæ цыбыр рæстæгмæ федтой, æз дæр сын пайда кæй дæн, уый. Се ’мдзу фæкодтон бирæ рæстæг. Фæстæдæр уыдтæн дыккаг уæл- дæфон-десантон дивизийы. Берлины байсты онг, стæй — Япо- ны хæсты. Мæ цæстытыл арæх ауайынц уыцы æвирхъау цаутæ, уынын сæ арæх мæ фыны дæр. ...Чысыл украинаг хъæу Межиречийы æмæ йæ алыварс знаг сарæзта, мæнæ цыма уызын йæхи сындзытæй сæхгæдта, уый хуызæн агъудгонд. Æнгом фидæрттæ — бавналæн сæм ничер- дыгæй ис. Нæ хæстонтæ сæ сармадзантæй æхстой, бомбæтæ сыл æппæрстой, фæлæ знаг нæ састи. Иуафон мигъты ’хсæнæй æваст рагæпп кодта знаджы хæдтæхæг. Йæ хæдфæстæ фæзын- дысты нæхи хæдтæхджытæ. Сурынц æй, æлхъивынц æй зæхмæ, æхсынц. Знаджы хæдтæхæджы пилотæн йæ уд цъысымы бахауд- та: зæххæй дæр æй æхсын байдыдтой. Уайтагъд йæ сæрмæ фæзынд «Як» æмæ йæ æлхъивын райдыдта зæхмæ. Знагæн ма дыууæ бомбæйы æрæппарын бантысти. — Æфсымæртæ, Чуйковы хъæбатыр афицертæ, салдæттæ! Абон мах хæс у цыфæндыйæ дæр цъаммар немыцаг фашистты ацы дыууæ фидарæй атæрын! — хъæр кодта батальоны коман- дир кæстæр лейтенант. Нæ худтæ нын нæ сæртæй скъæфтой «Катюшæ»-йы зынг- калгæ дымгæйы уылæнтæ. Уæртæ иу бæрзонд налат лæппулæг къухтыхæсгæ пулемет йæ уæхскмæ систа. Йæ цæф цонджы туг пулеметы гилдзыты лентыл лæдæрсы. — Æз ам дæн, ам, цъаммар! — ныддодой кодта знаджы тæхæгмæ. — Удæгасæй дæ нæ ауадздзынæн! — Лæппу ахæм уысммæ бахъавыд, йæ нæмгуытæ нæхи тæхджытыл куыд нæ суайой, æмæ йæ пулеметы мæнгвæдæг балхъывта. Знаджы хæдтæхæг фестъæлфыди. Алидзыныл ма бæргæ ар- хайдта, фæлæ йын нал æнтыст. Йæ фæдыл фæздæджы сау фæд уадзгæйæ, ныллæджыты тахт, стæй йæ кабинæйæ рахауд цыдæр. Уæлдæфы ничи федта парашют.
«ХÆРЗБОН, ÆНЦОЙДЗИНАД...» Хæдтæхæг йæ бомбæтимæ фехæлди махæй чысыл дарддæр. Уалынмæ айхъуыстон мæ иузæрдион цыппæркъахыг хæлар Лорды рæйын. Уый базгъордта пулеметæйæхсæг æрыгон сал- датмæ, цæф кæй у, уый бамбæрста æмæ хъырны, рæйы, цыма йын лæгъстæ кæны, дæ цонджы цæф бабæттын кæн, зæгъгæ. Æз цалынмæ салдатæн йæ цæф бастон, уæдмæ нæм куыдз æдзынæг касти, стæй кæдæмдæр азгъордта. Автоматты, сар- мадзанты нæмгуыты схъистæ алырдыгæй къуыззитт кодтой, æмæ тарстæн мæ хæларзæрдæ Лордæн. Мæ санитарон хызын, цæфтæн æххуыс кæнынæн цы хъæуы, уыдонæй равдæлон. Кæм сæ ссарон — мæ сагъæс. Цыдæр къæс- къæс райхъуысти чъылдымырдыгæй. Æваст фæзылдтæн фæстæмæ. Ауыдтон, нæмгуытæ цы домбай «тигр» лæхурдта, уый. Ныр лæууы дæрæнæй. Йæ лючы онг ыл танк «ИС-1» сбырыд. Йæ хæтæлыл фыст: «Цæй, Гитлер, зæгъ, чи фæуæла- хиз уыдзæн!?» Ахъуыды кодтон, ам, зæгъын, мæн цы хъæуы цæфтæн, ахæм истытæ уыдзæн. Кæд дзы, зæгъын, баззад иф- тыгъд минæтæ æмæ æндæр рæмудзæн хæцæнгæрзтæ, уæддæр бæрæг нæй. Фæлæ йæм уæддæр сбырыдтæн. Ссардтон дзы дыу- уæ дзаг санитарон хызыны, дыууæ япойнаг шлемофоны, бен- зинæй дзаг дыууæ канистры, иу карабин, æртæ дзыхъхъынног нæхи дамбацайы, немыцаг дамбаца, ног парабеллум. Асгæрс- тон сæ, ифтыгъд сты æви нæ, æмæ сæ мæ роны атъыстон. Шлемофонтæ зæхмæ фехстон. Канистрты разынди бензин. Æргæпп кодтон зæхмæ æмæ хъусын: — «Что нужно солдату? Девушка, только победа над врагом и не сыграть в ящик». - Иу æрыгон салдат мæ рæзты азгъордта размæ. «Тигр»-ы скъуыд рæхысы бынæй систон шмайсер. Йæ хъа- тара та чысыл дарддæр. Хъатарайы нæмгуыты бæсты разынди дыууæ шоколады «Рот- фронт». Рахастон сæ. Æнæнцойæ лæгæрдæм размæ. Дыууæ суткæйæ фылдæр дæрæн кæнæм фашистты. Нæ дыууæ цæлгæнæны нын фехæлдтой. Дыууæ боны дæргъы къæбæры хъæстæ нæма фæдæн. Мæхæдæг быхсдзынæн. Фæлæ шоколадтæ Лордæн ратдзынæн, загътон мæхицæн. Хызынтæ, шмайсер æмæ иннæ дзаумæттæ систон. Мæ куыдзы агурын пиллонкалгæ быдыры. Уалынмæ Лорд мæ фæсте срæйдта, стæй мæ разы алæууыд. Йæ тых- джын хæмпус дзæмбы мын мæ цонгыл авæрдта æмæ мæм скаст. Асдæрдта йæ былтæ, схъырныдта. Цыфæнды къуырцдзæвæны
@^^ Реуазты Верæ дæр дæхæдæг быхс, фæлæ ауд Лордыл. Уый цæфты^ссарынмæ, ирвæзын кæнынмæ адæймагæй хуыздæр арæхсы. Йæ сæр ын адаудтон. Йæ хæмпус къæдзил аккой кодта, æмæ фæхъæлдзæгдæр. — Лорд, æз дын диссаджы хæринаг ссардтон, — дзурын куыдзмæ. Шоколад æрсастон. Нæмгуыты афтид асыкк æрфæлдæхтон æмæ йæ ууыл æрæвæрдтон. — Лорд, ахæр, æмæ нæ ардыгæй лидзын хъæуы. Мæ хæстон згъæр худы мæ флягæйæ дон æркодтон. Лорд зæрдиагæй ахордта адджинаг, дон дæр асдæрдта. Скасти мæм. Бамбæрстон, дон ма йæ хъæуы, уый. Фæтагъд кодтон мæ ронæй флягæ суæгъд кæнынмæ. Схъистæ æрттывтой флягæйы хуын- чъытæй: дон æмæ спъиртты фæстаг æртæхтæ калдысты мæ кæттаг цырыхъхъытыл. Спъиртты тæф хъуыр æхгæдта. Мæ худæй асæрфтон уæззау цæссыгтæ. ... «Як» нæ сæрмæ хъахъхъæдта арв. Йæ фæстæ «Пе-2». «Лæгтыдзуар, баххуыс кæн», — æваст февзæрди мæ сæры. Кæмдæр фæздæджы ныллæджыты тæхы нæ уарзон «У-2». Мах æй «Кукурузник» хонæм. Фенæн ын нæма вæййы, фæлæ йæ йæ гуыв-гуывæй рагацау базонæм. Йæ базыры æркъулæй нын æрвиты салам. Нæ сæрмæ йæ тахт фæныллæгдæр кæны. Фæзынди мæм тæхæг. Цавæрдæр асыкк раппæрста æмæ йæхи бæрзонддæр систа. Дымгæ йæ уæлныхты рахаста асыччы гæххæттытæ. Æз бастон хæстонты цæфтæ. Дымгæ гæххæттытæй цалдæр рахаста мæнырдæм. Æртæ дзы ацахстон æмæ сæ атъыстон мæ роны, стæй размæ атындзыдтон. Цæуылдæр фæбырыдтæн. Уый разынди зæронд ихсыд гыццыл чиныг «Потерянный рай». Йæ хъæбæр ихсыд цъарыл фыст: Иван Щербинин. Чиныг мæ хуы- лыдз цинелы сыгъд æмæ скъуыдтæ фæдджийæ асæрфтон æмæ йæ авæрдтон мæ уæззау хызыны. Гæххæттытæ разындысты, мах алы бон æнхъæлмæ кæмæ кастыстæм, уыцы зынаргъ диви- зионкæтæ. Мæ цæстытæ æваст фæкомкоммæ сты. Уæлдæр Сæйраг командæгæнæджы бардзырдмæ: «Приказываю: солдат 337 пе- хотного полка 197 немецкой дивизии в плен не брать! Расстре- ливать всех на месте за смерть отважной партизанки Зои Кос- модемьянской! И. Сталин.»
«ХÆРЗБОН, ÆНЦОЙДЗИНАД...» Уымæй дæлдæр: «Отважный летчик - истребитель, го- ревший в машине, Морис де Сейн единственный раз отказался выпол- нить приказ - поки- нуть «Як». За бро- неспинкой, сжав- шись, сидел друг - механик машины, его ангел - храни- тель, как он всегда писал матери, - Вла- димир Белозуб. Во- лодя без друга не за- хотел покинуть ма- шину. Никто не мог заставить в те кри- тические минуты и Галиуырдыгæйрахизырдæм. Бадынц: Максим, Мориса де Сеина йæ мад Софя Аслæнбеджы чызг, Верæ. Лæууынц: спасать свою жизнь. фыды фыццаг усы чызг Мариа, астæуккаг дНи погибли на гла- æфсымæр Хъазыбег. > у у зах боевых товари- щей — самолет Мориса де Сейна из полка «Нормандия — Неман» взорвался в воздухе. Нет другого такого случая в ис- тории боевого товарищества между французами и русскими, в который бы чистота человеческой души раскрылась столь пол- но во всем своем нравственном величии». Уымæй ноджы дæлдæр уыдысты францаг тæхæджы мады ныхæстæ: «У меня был единственный сын, и он имел возмож- ность спастись. Да, у него была возможность... Но тогда бы на всю нашу семью легло пятно». Францаг тæхæг Морис де Сейн, йæ мад æмæ Владимир Бе- лозубы хъæздыг удыхъæд æмæ хъæбатырдзинад мæнæн кæддæриддæр æххуыс æмæ ныфс уыдысты хæсты æппæт лæгæвзарæнты. Дивизионкæтæй цалдæр æдзух дæр хастон мæ дзыппы. Тынг зын уыд ахæм уавæры сæ бахъахъхъæнын, фæлæ сын кодтон
^^■ай^гу. Реуазты Верæ стыр аргъ. Куы ныскъуыдтæ сты, уæд сæ акъоппы бадгæйæ мæ гыццыл блокнотмæ рафыстон. Батальоны фæскомцæдисонты раздзог уыдтæн, æмæ сæ не ’мбырдты пайда кодтам. Уыцы дивизионкæтæй ма иу лæзæрдæй фæхæццæ мемæ Японы хæстмæ дæр. ... Уæртæ хæлд акъоппы хъæрзы уæззау цæф хæстон. Йæ цонг йæ разы. Сармадзаны нæмыджы сындзджын схъистæ йын æй ахауын кодтой... Гуцъулайæ æрæлхъывтон, йæ цонгæй ма цы баззад, уый æмæ йæ абастон. Зæрдæ барызти, æфсæддоны цæссыгтæ куы ауыдтон, уæд. — Сержант, ды хъæбатыр лæппу дæ. Бабыхс гыццыл. Мæнæ спъиртт ахуыпп кæн. Дæ цæфы рыст æмæ дæ буары зыр-зыр кæд фæкъаддæр уаиккой, — балæгъстæ йын кодтон æз. — Чызг, æз спъиртт нæ нуазын. Æри-ма мын тамако. — Сержант, нæй мæм тамако. Мæнæ мæм украинаг ницæй- аг тютюн ис. Кæд, тамако чи дымы, ахæм цæфты æрбаласой, уæд дын уыдонæй ракурдзынæн. Катай кодтон: уазалы ба- сидзæн фæллад æмæ æххормагæй. Куыд æй сласдзынæн акъ- оппы бынæй — мæ бон куынæ суа... Æнæнхъæлæджы мæ разы февзæрди цæф хистæр лейте- нант. Йæ худ æмæ, йæ дæлармы цы шлемофон хаста, уыдон уыдысты туг æмæ мазутæй дзаг. Танкист æрбахаста егъау згъæры сындзджын схъис. Схъисæй туджы æртæхтæ калдыс- ты йæ цырыхъхъытыл. — Хистæр лейтенант, цæмæн дæ хъæуы ацы тугæйдзаг уæз- зау схъис? — Куыд цæмæн? Чызг, æз бабын дæн! Мæ уарзон капитан Матвейæ æрмæст ацы схъис баззад. Абон мæгуырты мæгуыр- дæр æз дæн. Абон мын саударæн бон у. Ацы цъаммар схъис нæ бацауæрста ме ссæдзаздзыд Матвейыл. Фæлтау мæхæдæг куы фæмард уыдаин. — Хистæр лейтенант, æрæвæр схъис зæххыл. Мæнæ ах- уыпп кæн спъиртт. Танкисты риуыл, сæ туг кæмæн нæма бахус, уыцы æртæ Сырх Тырысайы æмæ Сырх Стъалыйы дыууæ ор- дены, стæй Æхсардзинады цъæлтæ дыууæ майданы (нæмгуы- тæ сыл суадысты). Танкист йæ сыгъд худæй сæрфта йæ ма- зута^йдзаг цæсгомыл згъорæг цæссыгтæ. Дзуры: — Цы хорз у, чызг, кæй дыл сæмбæлдтæн æмæ дын мæ хъæбатыр Матвейы хабар кæй ракодтон, уый. Мах Матвеимæ мит æмæ ихыл хуыссыдыстæм иу цинелы бын. Уыдыстæм хъа-
«ХÆРЗБОН, ÆНЦОЙДЗИНАД...» <^^73) • 2ЙЗ^^^^ руджын, ныфсджын. Матвей размæ бырста æдзухдæр. Амыдта мын, куыд уæлахиз кæнын хъæуы знагыл, уый. Арæх дзырдта Курск æмæ Прохоровкæйы цур хæстыты тыххæй. Чуйковы 62- æм æфсады дæр Сталинграды иумæ хæцыдыстæм. — Хистæр лейтенант, дæ дарæс дын раласон. Дæ риуы цæфтæ баст нæма сты. — Чызг, тамако мын радт, хъæбæр махоркæ мын хуыздæр лæвар уыдзæн. — Ахæм хостæ мæм кæцæй ис! Мæнæ спъиртт ахуыпп кæн ацы уазалы æмæ дын фенцондæр уыдзæни. Бабыхс уал, — загъ- тон танкистæн, йæ уæззау цæфтæ бæтгæйæ. Уæдмæ Лорд æрбахæццæ кодта цæфты æмæ цæстыфæны- къуылдмæ цыдæр æрбаци. — Лæппутæ, кæмæ уæ ис тамако кæнæ махоркæ? Стухут «сæгъы къах» хистæр лейтенантæн. Феххуыс мын кæнут акъ- оппæй сержанты сласынæн. Афонмæ басыд, æвæццæгæн. Мæ спъиртты къубуцка цæфтæ кæрæдзимæ лæвæрдтой къухæй-къухмæ. Фæлæ ныр кæм ссардзынæн машинæтæ кæнæ санитарон бæхуæрдæттæ? — Лæппутæ, нæй ацы уазалы зæххыл бадæн, уæлдайдæр фæснозт. Йæ къæхтæ кæмæн сты, уыдоны змæлын æмæ лæу- уын хъæуы. Бæстон сын бабастон сæ цæфтæ. Уæртæ зæхх срæмыгъта махæй чысыл дарддæр. Сыджыты егъау къуыбæрттæ нæ цæвынц. Лорд æрбахæццæ кодта нæмгуытæ ласæг афтид машинæ æмæ иу бæхуæрдон. Мæ цинæн кæрон нал уыд. Зæххы бын срæмыгъ- ды тыхджын уылæнтæ мын фæхастой мæ худ æмæ каскæ. Мæ даргъ дзыккутæ спыхцылтæ сты, мæ хъуырыл æртыхстысты. Нæ командир къорд хатты лыг кæнын кодта мæ дзыккутæ, ссыст, дам, дын уыдзысты, стæй, дам, «нæй бар æфсады даргъ дзык- кутæ дарынæн». Коммæ нæ кастæн, æмæ мæ арæх æфхæрдта. Мæ худ æмæ каскæ æркодтон мæ сæрыл. Цæфтимæ миты бынæй акъахтам немыцаг цинелтæ, кæттаг æмбæрзæнтæ, цæфтæ сæ æрытыдтой машинæйы гуыффæйы æмæ бæхуæрдоны, стæй сбад- тысты машинæйы. Лорд сæ фæдыл азгъордта, йæ хæмпус къæдзил батылдта, срæйдта, стæй фездæхт æмæ мæм скасти. Уыцы уысм фæздæджы фæзынди «Рамæ». — Ей, где снаряд? Ванька, подай снаряд! «Рама» ускольза- ет! Не упущу проклятого фашиста! — хъæр кодта сарма- дзанæйæхсæг. — Ванька, где ты? — фæзылд фæстæмæ: — А-а-а!
Реуазты Верæ Ваня, как ты подчинился проклятой смерти?! Завтра же твой день рождения... Мщу проклятым фрицам! Ваня хуыссыд нæмгуытæй дзаг асыккыл. Сармадзанæйæхсæг йæ цъæррæмыгъдтытæ къухæй сæрфта йæ судзгæ цæссыгтæ: — Расстреляю Гитлера и самую смерть! — хъæр кодта уый. Фæлæ Ваня дзагъырдзастæй касти тызмæг арвмæ. — Эй, кто-нибудь на помощь! — хъæр кодта чидæр. Азгъордтон цæфмæ. Раст уыцы минут нæ сæрмæ фæзынди знаджы хæдтæхæг. Йæхи ныллæджыты æруагъта, зæхх дасæ- гау. Æрæппæрста бомбæ махæй чысыл дарддæр. Зæхх ныхъ- хъæрзыдта, ныззыр-зыр кодта æмæ фескъуыдтæ, сыджыты егъау къуыбæрттæ арвмæ схъиудтой, къæвдайау зæхмæ хауд- той. Иу дзы сæмбæлд мæ къæбутыл. Мæ цæстытæ атартæ сты. Аууæрстон сæ. Зæхх цъилау зылди. Сæр гуыв-гуыв кæны. Ба- тылдтон æй æмæ йæ асгæрстон. Нæдæр мыл цæф бæрæг, нæдæр туг. Ме уæнгтæ æрлæмæгъ сты. Мæ хъусты уасыдысты цъыс- цъысæгтæ, фæкъуырмагомау дæн. Фæкомкоммæ дæн мæ къу- хы салд сыджыты стыр къуыбармæ. Стæй мæ дзыппæй хæцъилы тыхт армыдзаг змейкæйаг сыджытæй систон. Фæйнæрдæм акастæн. Кæм дæн, цымæ? Цæмæн и мæ къухы сыджыт, уый не ’мбæрстон, фæлæ йæм басмыстон. Чысыл ме ’муд æрцыдтæн. Мæ фазыл фæбырын: фыццаг хатт мын нæу. Ссардтон уæззау цæф ефрейторы, фæлæ... мардæй. Йе ’лхъывд фæлурс къухы баззади тугæйдзаг гæххæтты гæбаз. Райстон æй. Сау бæзджын дамгъæтæй немыцагау фыст. Æрмæст иунæг рæнхъ. Йæ чъыл- дымыл та тугæйдзаг дамгъæтæй: «Я не смог! Погибаю. Срочно в «Смерш» подполковнику Данюкову - лично!» Уæртæ Лорд фæзынди. Басидтæн æм. Аккой кодтон мæ хæссинæгтæ æмæ фæраст стæм. — Чызг, ефрейтор æгас у? — айхъуыстон мæ чъылдыммæ, фестъæлфыдтæн. Фæзылдтæн, фæрсын æнæнхъæлæджы фæзынæг дæлбулкъоны: — Чи дæ, æмбал дæлбулкъон? — Къæрцхъус кæй дæ, уый мын æхсызгон у, — загъта афи- цер. Йæ дзыппæй систа йе ’вдисæндар æмæ мæм æй æрбадард- та, стæй бафарста: — Хъуыды ма кæныс, Золочев куы истам, уæд мын мæ цæф ды нæ бабастай мæ машинæйы? — Нæ, æмбал дæлбулкъон. Цæфтæй фылдæр цы и хæсты быдыры.
«ХÆРЗБОН, ÆНЦОЙДЗИНАД...» — Хорз. Æри-ма гæххæтт. Радтон æм гæххæтт, бакаст æй. Йæ дзыппы йæ бафснайдта æмæ йæ машинæйы бабадт. Хъæрзынц, æххуысмæ сидынц цæфтæ. Уæртæ миты хъæпæны нæты иу цыппор фондзаздзыд капитан. Йæ цæсгом йæ тугæйдзаг къухтæй æрæхгæдта. Нæма йæм бахæццæ стæм, афтæ йæ фугасон бомбæйы срæмыгъды тыхджын уылæнтæ хæлд акъоппы мард фашистты рагъыл æрæппæрстой. Мард знаджы роны æргъæвæгыл фыст: «Каждому свое! «Дæуæн дæр! — рамæсты дæн æваст. Базгъордтон цæф капитанмæ: тыхæ- мхасæнтæй йæ раластон иуварс. Цæсгом — рæсыд æмæ цъæрæмых- д, стытæ, зæнг — саст. Телæй конд Максим. 2 ~ ~ шинæиæ иын атыхтон иæ зæнг, стæи йæ абастон. Йæ хæдоны дзыппæй сырх синагыл сывæллоны сывæдæг æрзæбул. — Капитан, спъиртт аназ æмæ дын фенцондæр уа, — дзу- рын æм æз. — Дон, дон мæ хъæуы. Дон зæрдиагæй анызта. — Капитан, ма бафынæй у ацы уазалы. Æз машинæ кæнæ бæхуæрдон бауромон. Ссардтон дыууæ бæхуæрдоны. Лорд æрбаласта цæф афице- ры æмæ та фæцыдæр. Æз афицеры цæф абастон. Тугæйдзаг халон æрхауд йæ уæрджытыл, æмæ схъуахъхъ-хъуахъхъ код- та, стæй йæ уд систа. Афицер æй зæххыл æрæвæрдта. Асæрф- та йæ худæй йæ милæйдзаг цæсгом, æмæ загъта: — Чызг, баххуыс мын кæн. Мæ тых, мæ хъару тайы, фондз цæфы фæдæн, ацы цæф та æхсæзæймаг у. Фæлæ хæсты бы- дырмæ алидздзынæн. Мæлын нæ бакомдзынæн. Æрмæст мын тамакойы иу тæпп ратт. — Æз тамако нæ дымын. Мæ хай цæфтæн байуарын. Уæртæ æртæ цæфы фæзындысты. Кæд уыдонæй искæмæ тамако уа, уæд сæ ракурдзынæн. Бафæраз уал.
^?4^^^ Реуазты Верæ Мæнæ æрбахæццæ сты цæфтæ митын дадаты хуызæттæй. Бабастон сын сæ цæфтæ. — Лæппутæ, стухут иу «сæгъы къах» хистæр лейтенантæн. Дыууæ бæхуæрдоны рог цæфтæ араст сты. Лорд рæйы кæцæйдæр. Æвиппайды тыхджын срæмыгъдæй зæхх нынкъуы- сыди. Сыджыты бын фæдæн. Исдугмæ фæуадзыг дæн. Лорд фæзынди, ракъахта мæ, басмыста мæм, стæй схъиу-хъиу код- та, асдæрдта мын мæ хъустæ, мæ рустæ. Фенцондæр мын. Уалынмæ иу машинæ фæзынди. Махырдæм цыди, фæлæ бæзджын митфæлдзæгъдæны фæаууон и. Лорд азгъордта æмæ машинæйы цæлхытæм фæлæбурдта. Рамæсты шофыр, ралгъыс- та’йæ. Йæ автоматмæ февнæлдта. — Эй, стой, стой! Мою собаку не трогай! — ныхъхъæр код- тон шофырмæ æмæ азгъордтон йæ размæ. — Ты кто? Командир мне? — шофыр мæ сæрæй къæхты онг сбарста. — Дæ цырыхъхъ кæм ис? Бæгъæввадæй хæцыс знагимæ? Æркастæн мæ къахмæ. Фадхъулы онг къах аныгъуылд миты, цырыхъхъыл уафс — нал. — Чызг, мæ цырыхъхъ дæу аккаг нæу, фæлæ уал дын бирæ къахтухæнтимæ сбæздзæни. Мæнæ ма дын мæ хисæрфæн дæр. Фæтагъд кæн. Дæ къах басидзæн, — загъта, фæндзай азæй фылдæр кæуыл цыдаид, уыцы шофыр. — Бузныг, фæлæ дæхæдæг бæгъæввадæй баззадтæ. — Мæнмæ ма кæттаг цырыхъхъытæ ис, — загъта уый, æмæ йæ русы туг йæ дысæй асæрфта. — Æз командир нæ дæн, фæлæ æрхиз зæхмæ. Дæ русы цæф дын бабæттон, — загътон шофырæн. Рахызт. Абастон ын йæ цæф. — Ныр, шофыр, сразы у: уæртæ уыцы цæфтæ æнхъæлмæ кæсынц. Бахæццæ сæ кæн медсанбатмæ, мæгуыр сты. Басыды- сты уазалы. — Чызг, уый хорз, фæлæ дæ роныл ауыгъд дамбацатæ, гра- нат æмæ парабеллум æри ардæм. Мах дамбацатæ æмæ авто- маттыл немыцæгтæ хæлоф кæнынц. Радтон æм сæ. Цæфты машинæйы сбадын кодтон. Æрæмбæрзтам сæ брезентæй, æмæ сæ афæндараст кодтон. Ноджы ма нæм æнхъæлмæ кæсы, æрæджы кæмæн баххуыс кодтам Лордимæ, уыцы цæфты къорд. Уæртæ обауæй зыны машинæ. Шофыр цæлхытæ дзæбугæй хойы. Бахæццæ йæм стæм.
«ХÆРЗБОН, ÆНЦОЙДЗИНАД...» Йæ фæсонтырдыгæй туг лæдæрсы. Тыхамæлттæй бахызти ка- бинæмæ. Бакастæн æм уырдæм. Йæ сæр æрхауди рулыл. Рай- хъуыст йæ хуыр-хуыр. Стæй фестъæлфыд æмæ ныхъхъæрзыдта. Дзурын æм: — Дæ фуфайкæ ралас, æмæ дын дæ фæсонты цæф абæттон. — Ау, æмæ цæф дæн? — Шофыр, фæтагъд кæн. Цæфты ласын хъæуы. Бахæццæ стæм цæфты къордмæ. Фырцинæй базмæлыдыс- ты. Зарыдысты «Бродяга Байкал переехал». Махоркæ пъæртт кодтой. Нæ алфамбылай миты хъæпæны дуне немыцаг цинелтæ. Амбырд сæ кодтон æмæ сæ машинæйы цурмæ бахастон. Лæппутæ сæ байтыдтой гуыффæйы, сбадтысты сæ уæлæ: Митфæлдзæгъдæн цæсгæмттæм лæбуры. Æрбахæццæ стæм, фынддæс минуты размæ цæф капитан æмæ иннæ цæфты кæм ныууагътам Лордимæ, уырдæм. Кæрæдзийæн æххуысгæнгæ машинæмæ схызтысты... Пиллонкалгæ «Фердинанд»-ы цур æрлæууыди Лорд. Цавæрдæр дзæкъул æрбахæццæ кодта йæ дзыхы. Æрæвæрдта йæ мæ разы æмæ мæм скасти. Апойнаг сæгъдзарм хызын. Ссард- тон дзы: денджызон бабызты бумбулийæ цыппар рог хъæццу- лы æмæ хæлафы. Дон сæ нæ хъары. Уыдоны бын — дыууæ хисæрфæны, сигарæты дыууæ къоппы, фондз ног сæрдасæны æмæ хæрздæфгæнаг дæс сапоны. Ныр ма мæнæй хъæздыгдæр чи уыдис! Ахæм сапонæй цыфæнды цъымарадæтты дæр æхсдзынæн мæ дзыккутæ. Æхсгæ та сæ нывыл цыппар мæйы нæма ныккодтон! — фадат æмæ сапон нæ уыди. Мæ зæрдыл æрбалæууыд иу цау. Ростовæй чысыл дарддæр æфсæнвæнда- джы тæккæ был уыди сыгъд хъæу Недвиговкæ. Уым мын чысыл æвдæлон рæстæг фæци. Хъæуы рæзты кæлы Мертвый Донец. Хæсты рæстæджы йыл калдтой бирæ бомбæтæ. Йæ цурты мард кæсæгты смагæй ацæуæн нал уыди. Скодтон фæныкдон æмæ ахсадтон мæ бинтытæ, мæ дарæс. Ноджы уыцы фæныкдонæй мæ сæр ныхсадтон. Цасдæры фæстæ ныссырх, ныррæсыд мæ сæры царм æмæ йæм бавналæн нал уыд. Бирæ рæстæг ме ’мбал чызджытæй- сусæг кодтон мæ хъизæмар. Мачи бахауæд мæ уавæры... Сæгъдзарм дзæкъулы ма разынди фондз шоколады «Рот- Фронт» æмæ печениты æртæ къоппы. Нæхи советон хойрæгтæ кæй уыдысты, уый тыххæй сæ æрбалхъывтон мæ зæрдæмæ, апъа сын кодтон. Замманай дыууæ шоколады асастон æмæ сæ
^Т^^д^гх. Реуазты Верæ æрæвæрдтон асыккыл. Лорд мæм скаст. Асдæрдта йæ былтæ, базмæлыд йæ мидбынаты, аккой кодта йæ хæмпус къæдзил æмæ ахордта шоколад, дон дæр асдæрдта. Абастон ыл йæ са- нитарон хызынтæ. Уайтагъд æрталынг. Уæртæ иу машинæ ный- йарц махырдæм æмæ дзыхълæуд æркодта нæ разы. — Чызг, фæтагъд кæн, мæнæ мæ кабинæйы уæззау цæф фæци санинструктор, — загъта шофыр. Сгæпп кодтон кабинæмæ. «Вера, помоги, помоги... Я уми- раю!» — зæххы бынæй дзурæгау мæм дзуры мæ зонгæ санин- структор Мария Кожевникова. — Фервæздзæни? Æз æй бахæццæ кæндзынæн медсанбатмæ, — зæгъы шофыр. — Лæппу, байрæджы... — Æз чызджы цъæх цæстытæ æрæхгæдтон. Æртæ цæфы æрлæууыдысты мæ цуры. Лорд æрбазгъордта, йæ сæр — тугæйдзаг. Æмæ йын фæтарстæн. Уый ауыдта, цæфты кæй бæттын, æмæ азгъордта фæстæмæ. Бамбæрстон: кæмдæр ссардта уæззау цæфы. — Лæппутæ, æнхъæлмæ мæм кæсут, тагъд фездæхдзынæн, — загътон цæфтæн. Лорды фæдыл азгъордтон. Æваст мæ цы- рыхъхъы уафс æрхауди. Куыд ын акæнон? Фæкомкоммæ дæн, акъоппы хъенæй цы мард фельдфебель баззад, уый ронмæ. Абастон мæ цырыхъхъ. Ныхъхъæр кодтон Лордмæ. Куыдз цæф лæджы æфцæгготыл хæцыд æмæ йæ тыхтæ-фыдтæй ласта судзгæ дзоты хуынкъæй. Æз дæр æфцæгготыл фæхæст дæн, æмæ лæджы раластам. Йæ сæры царм тугамæст, хæцы йæ къæбутыл. Йæ цæсгом сыгъд æмæ тæппæлттæ. Æвæстиатæй йæ ласын хъæуы, фæлæ цæмæй? Судзгæ зæххыл чи фæмард, уыцы уырыссаг æмæ немыцаг ам баззадысты æнусмæ. Ныр знæгты цæстæй нал кæсынц кæрæдзимæ. Æваст мæ мæ хъуыдытæ ахастой Ирыстонмæ. Ацы хæст мын асыгъта ме ’нахъом царды рæзгæ базыртæ. Фыццаг хатт æй бавзæрстон Ирыстоны зæххыл — Змейкæйæ чысыл дарддæр. Знаджы хæдтæхджытæ æппæрстой бомбæтæ. Зæхх нæргæ- хъæрзгæ пиллон калдта. Срæмыгъдты уылæнтæ йæ скъуыдтой, æмæ егъау къуыбæрттæ тахтысты арвмæ. Фæсивæд æмзонд- æмдыхæй ракалдысты знаджы ныхмæ хæцынмæ. Бирæтæм дзы хæцæнгæрзтæ дæр нæ уыди, стæй хæстон дарæс дæр... Фæлæ лæбурдтой знæгтæм, истой сын сæ хæцæнгæрзтæ... Нæхионтæй
«ХÆРЗБОН, ÆНЦОЙДЗИНАД...» ^^^ТЭ). чидæр ныггæпп кодта траншейы хæцджытæм. Йæ къухтæй ацах- ста дыууæ знаджы сæртæ æмæ сæ кæрæдзиуыл ныццавта. Уыдон фæуадзыг сты. Фелвæста сын сæ хæцæнгæрзтæ æмæ сæ радта нæхионтæн. Ирон хъæбатыр лæппутæ уыдысты ныфс мæнæн дæр. — Баххуыс мын кæнут! Мæлын! — ныцъцъæхахст ласта, срæмыгъды уылæнтæ акъопмæ цы сылгоймаджы ныппæрстой, уый. Стæй лæмæгъ хъæлæсæй афтæ: — Æз, чызг, Каска дæн, мæ лæппуйы агурын. Бахæццæ мæ кæн Иранмæ. Цымæ, кæм ис Иран? — фæрсын мæхи. Фæлæ ныр сылгой- магыл нæ уыдтæн: цæф салдаты сласыныл бæргæ архайдтон, фæлæ мын ницы æнтысти. Митфæлдзæгъдæны тъыфылтæ æхгæдтой цæстытæ. Мард немыцаджы рон райхæлдтон æмæ йæ цæф салдаты дæлæрмтты акодтон. Схæцыдтæн. Фыццаг хатт мын нæ бантысти. Ногæй амбырд кодтон мæ тыхтæ. Роныл рахæцыдтæн. Аскъуыд, æмæ мард салдæтты ’хсæнмæ асæр- бихъуырой кодтон. Ныккуыдтон фырмæстæй. Иунæг салдат ма хæцыди фашистты ныхмæ. Уыдон та уыды- сты цыппар... Мæ разы февзæрд æндæр салдат. Туджы самæст йæ пех- целтæ боцъо. Йæ фуфайкæйы уæхскæй сармадзаны нæмгуыты дыууæ схъисы æрттывтой, æрзæбул йæ был дæр. Йæ худæй систа фындзы кæлмæрзæн æмæ дзы асæрфта йæ милæйдзаг цæсгом, стæй йæ атъыста йæ дзыппы. — Чызг, ныссæрф дæ цæссыгтæ. Ма тыхс, æз дын баххуыс кæндзынæн, — загъта боцъоджын. Акъоппæй цæф салдаты сла- ста æмæ йе ’мбæлтты фæстæ азгъордта. — Кæстæр сержант, фæлæуу, дæ цæф дын абæттон! — адзырдтон йæ фæстæ. — Чызг, фæтагъд кæн. Уæртæ мын мæ батальон Æрыдоны бынмæ æрвитынц... Мæ мидхъуыдыты мæ мады раз фестадтæн мæ зонгуытыл лæугæйæ... æмæ мæхицæн дзырдтон: — О мæ зынаргъ, мæ иунæг зондамонæг, дæс сидзæр сывæл- лоны мад! Кæд нæ фæмард уон, уæд, мæ цæссыгтæ ныхъуыр- гæйæ, æдзух курдзынæн хатыр дæуæй, дæу сусæгæй мæ фондз æфсымæры фæдыл хæстмæ кæй алыгътæн, уый тыххæй. О мæ мад! Ма мыл хæр дæхи. Дæ сæр нæ фæчъизи кæндзынæн. Кæд сыздæхон мæ Ирыстонмæ, уæд Реуазты зæрæдтæй, Крас- ногоры æппæт хистæртæй курдзынæн хатыр, хæстмæ се’ вастæй кæй ацыдтæн, уый тыххæй.
(По^^^-^ Реуазты Верæ V ^^т^н^О^у I II м I Салд сыджытæй армыдзаг систон æмæ йæм басмыстон. Сы- джыты тæф æххуыс кæны, ныфс уадзы уæнгты. Уæртæ Лорд æрбахæццæ кодта, йæ къæхтыл тыхамæлттæй чи лæууы, ахæм цæф танкисты. Йæ цæссыгтæ згъæлынц. Мæ цæстытæ доны разылдысты мæнæн дæр: кæд, зæгъын, ме ’фсымæртæй дæр исчи афтæ дзыназы. Мæ сидзæргæс мад уал се ’ппæты кæстæр Максимы тыххæй райста сау гæххæтт. — Цы кодтой дæ къæхтæ, капитан? — Чызг, мæйы размæ мæ къах фæцæф. Медсанбаты дох- тыртæ йæ бабастой æмæ мæ арвыстой госпитальмæ. Æз ра- лыгътæн уырдыгæй, мæхæдæг-иу бастон мæ цæф, фæлæ нæ байгас, — загъта капитан. Йæ хæрдмæ здыхт бур рихитæ æххæссыдысты суанг йæ хъустæм. Цалынмæ йын йæ хъæдгæмттæ бастон, уæдмæ мын радзырдта: — Мæ раздæры цæф дæр бынтон нæма байгас, ныр та ногæй фæцæф дæн. Санитарон хайад кæм ис, уый нæ зонын. Фæраст дæн, мæ къæхтæ мæ кæдæм хастой, уырдæм. Мæ сæр зилы. Фæйнæрдæм тоны ныр дæр, цæстытæ тартæ кæнынц, ризæг мыл бахæцыд. Æваст мæ цуры февзæрд мæнæ ацы куыдз. Нал мæ уагъта размæ. Æз иуырдæм, — уый мыл рæйы, æз иннæрдæм — уый мын мæ фæндаг æхгæны. Афтæмæй мæ æрба- кодта ардæм. Æрмæст ныр бамбæрстон: дæ куыдз мæ куы ауагътаид, уæд мæ кæнæ нæхионтæ амардтаиккой, немыцæгтæм лидзы, зæгъгæ, кæнæ та знаджы дзæмбыты бахаудаин. Уыдæттæ дзургæйæ лæг фæуадзыг, æмæ йæ сабыртæ кæнын, бафæраз, зæгъын, дæ рыстæн. — Чызг, æз мæ цæфтæй нæ кæуын, кæд мын тынг риссынц, уæддæр... Фæлæ мæм абон сæумæраджы нæ дивизийы коман- дир æрбадзырдта телефонæй: «Стыр бузныг дæ хъæбатыр афи- цертæ æмæ салдæттæн, знагæй дыууæ фидары кæй байстой, уый тыххæй. Борис, зын у, фæлæ дæ фырт — сарма- дзантæйæхсæг полчъы командир Советон Цæдисы Хъæбатыр Денис — фæмард. Рухсаг уæд». Мæ дуне мыл баталынг. Капитан йæ сыгъд, мазутæйдзаг цинел æрæвæрдта йæ уæр- джытыл. Йæ цæфтæ йын бабастон. Æрæмбæрзтон æй пæлæзæй. — Капитан, уæззау у дæ уавæр, фæлæ дæхиуыл фæхæц. Æз цæф булкъоны ласдзынæн, ды та сабыргай нæ фарсмæ цæу- дзынæ. — Хорз, — сразы мемæ.
«ХÆРЗБОН, ÆНЦОЙДЗИНАД...» ^^ш^дЛ) Араст стæм. Тыхстæн, Лорд кæй никæцæй зынд, ууыл. Ба- фæллади капитан дæр, æз дæр. Æрлæууыдыстæм. — А-а-а! - æваст мæ хъустыл ауад афицеры хъæр. Фæкастæн: капитан цæф булкъоныл ныддæлгом. Йæ быны йæ ныххурх кæндзæн, зæгъгæ, дон æркалдтон капитаны сæрыл. Уый ныхъ- хъæрзыдта. Дзæгъæлтæгæнгæ скаст арвмæ. Кæуын хъæлæсæй дзуры: — О, мæ Денис, æгас дæ, æгас! Ссардтон дæ, Денис! — Ныддæлгом та уадзыг булкъоныл. Йæ цæссыгтæй æхсы сыгъд цæсгомы тæппæлттæ... Ацы трагикон цау-иу суанг Японы хæсты дæр мæ цæстытыл ауади. Капитан нæты, кæуы. Йæ дзыппæй систа фындзы кæлмæрзæн, йæ сыджыты къуыбæрттæ йын æрцагъта, асæрф- та дзы йæ цæссыгтæ: — Чызг, фæлæуу-ма. Хъусыс, уæртæ фашисттæ фæдис кæнынц: «Внимание! Внимание! В небе русские дьяволы! Дзу- сов и Покрышкин!» Бакастæн цæф капитанмæ: кæд, зæгъын, йæ сæр фæдзæгъæл. Фæлæ та дзуры: — Хъусыс, чызг, дыккаг хатт: «Ахтунг, ахтунг! В небе Дзу- сов с Покрышкиным!» — Капитан, вы знаете ыемецкий? — Девушка, я бывший доцент кафедры иностранных языков Высшего технического училища им. Баумана. Æз мæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр ластон: «О Ирыстон, дæ фыртæй знаг æмризæджы ризы! О, Лæгтыдзуар, дæ рахиз ба- зыры бын сæ бакæн! Бахъахъхъæн сæ фыдбылызæй!» Цины цæссыгтæ гæр-гæр кодтой мæ рустыл. Скастæн змæст арвмæ, фæлæ нæ федтон хæдтæхджыты. Æрмæст сын дымгæ сæ ма- ройгæнгæ гуыв-гуыв скъæфта. Цæуæм дарддæр. Капитан уынæргъы, хъынцъым кæны, нæма йæ уырны, йæ фыртыл кæй сæмбæлд, уый. Уæртæ брустверыл февзæрди Лорд, йæ фæдыл — дыууæ цæфы, се ’хсæн бакодтой, йæ къæхтæ размæ исын йæ бон кæмæн нал у, ахæм бæрзонд къæсхуыр лæджы. Иннæ цæфтæ сæ фæдыл ласынц мазут æмæ ламийы уæззау парашют. — Лæппутæ, кæм ссардтат ацы тæхæджы? Махонты æнгæс куы нæ у? — Донæй йæ тæккæ дзаг дзыхъхъæй бырыд уæлæмæ æмæ дамбацайы гæрæхтæй уырыты дзуг сырдта йæхицæй. 6 Мах дуг№ 11, 2003
Реуазты Верæ — Кæд цæф у, уæд ын баххуыс кæнын хъæуы. — Нæ зонæм, цæф у æви нæу! Мæнмæ гæсгæ йæ амарын хъæуы, — загъта цæф старшина. — Фæлæуут-ма, цавæр трибуна- лы тæрхон у уый? — сдзырдта, уыцы уысм чи æрбахæццæ, ахæм танкист. Уæлæ сау фæздæгæй «Як» разын- ди, нæ сæрмæ æрзылди. Цалдæр мæйы размæ «Як»-ы базыртыл ба- фиппайдтон даргъ æртæ хъулон хах- хы. Мæнæ та сæ ныр дæр уынын, фæлæ, цы амонынц, уый не ’мбарын. Гуырысхойаг бурхил тæхæг дæр баз- мæлыд йæ мидбынаты, скаст арвмæ. Стæй йæ цъæррæмыгъд къух ауагъ- та æлыг æмæ мазутæидзаг дзыппы, систа дзы къопп. Къоппы цъарыл ныв: барæг дугъ кæны Хъа- зыбеджы хохы дæлбазыр. Нывы бын фыст: «Казбек». Мæнæн фырцинæй мæ цæстытæ доны разылдысты. Мæ къухтæй æрхау- дысты гуцъулатæ, хæсгард. Афтæ мæм фæкасти, цыма сæумæ- райсом нæ хæдзары кæртæй кæсын цъитиджын хæхтæм. Амонд ацарди мемæ уысмы бæрц. Мæ уавæры уый Хуыцауы лæвар уыди. Тæхæг æркъул кодта йæ сæр мæ разы æмæ сдзырд- та: — Мадам, — æмæ мæм æрбадардта бапъирозты къопп. Æз мæ сæр батылдтон, нæ, зæгъгæ. Уæд уый бапъирозтæ ай- уæрста цæфтæн. Уыдон зыдгæнгæ зæрдиагæй сдымдтой. Бурхил тæхæг фелвæста бинокль, кæсы арвмæ. «Як»-ы ба- зыртыл ауыдта æртæ даргъ хаххы æмæ фырцинæй фесхъиудта: — О-о-о, браво «Як»! Браво, рус комрад! Беген кок! — загъта тæхæг æмæ йæ къухæй бацамыдта «Як»-мæ... — «Як — «Норманд Неман» Беген кок! Бапъирозтæ та байуæрста цæфтæн. Мæнæн та иу шоколад æмæ печениты къопп «Рот-Фронт» радта. Йæ ном дæр ын ба- зыдтам: Беген. Йæ цæфтæ йын бабастон. Спъиртт ын схастон йæ фындзы бынмæ, фæлæ йæ сæр батылдта, нæ, зæгъгæ. Æз афтид асыччы чъылдымыл шоколад æрсастон: — Лорд, ме ’ххормаг æмбал, ахæр.
«ХÆРЗБОН, ÆНЦОЙДЗИНАД...» ^^^?3) Йæ санитарон хызыны бæттæн ын райхæлдтон. Куыдз бас- мыста шоколадмæ, ахордта йæ. Дон ын æркодтон ме згъæр худы, æмæ йæ асдæрдта. Беген æдзынæг бакасти танкисты милæйдзаг цæсгоммæ. Ауыдта йын дыууæ сысты йæ фындзыхъæлыл, бахудт йæ мид- былты. — Фашисттæ, — загъта, æнгуылдзæй сыстытæм амонгæйæ. Танкист фесхъиудта, ныззылд йæ мидбынаты, афæлурс. — Æз дын ныртæккæ бацамондзынæн, махæй фашист чи у, уый, — хъæрццыгъайау йæхи андзæрста тæхæгыл, йæ тæрттæм ын фæлæбурдта, бауыгъта йæ, стæй йæм дамбаца ныддардта. — Димæ, бафснай ма дæ дамбаца. Бамбарут уал кæрæдзийы, — сабыр кодта танкисты, Аристарх кæй хуыдтой, уыцы кæстæр лейтенант. Стæй æрбакодта Беген æмæ танкисты, æз цæфтæн кæм æххуыс кодтон, уырдæм: — Чызг, æри-ма бинты гæппæл. Асæрфта бинтæй танкисты фындзырагъ. Бавдыста бинт Бе- генмæ. Беген æркасти бинтмæ æмæ та загъта: — Фашисттæ! Танкист бамбæрста, бурхил тæхæджы дзæгъæлы кæй баф- хæрдта, уый: — Беген, бахатыр кæн. Бамбæрстон, сыстыты кæй хоныс фашисттæ, уый. Аластой цæфты. Фæлæ та арв æмæ зæхх ногæй хостой кæрæдзи. Лорд скасти талынг арвмæ æмæ нынниудта. Куыдз хæсты уавæр мæнæй хуыздæр æмбæрста. Æрбакодта та йæ фæстæ машинæ. — Верæ, диссæгтæ! Дивизийы медицинон службæйы сæргълæууæг булкъон Борис Шапошниковæн чидæр загъта, ды фæмард дæ, зæгъгæ, æмæ мæн рарвыста дæ мард ссарыимæ, — талф-тулфæй дзуры, шофыримæ цы ефрейтор æрбацыд, уый. Бузныг, зæгъын, æз æгас дæн, фæлæ февналут æмæ мæнæ цæфты тагъддæр аласут. Сæргъæвтой сæ машинæмæ, араст сты. — Шофыр, фæлæуу иуцъус! — хъæр кодта танкист. Машинæ æрлæууыд. — Чызг, аиуварс кæн дæ дзыккутæ цæстытæй. Æз æмæ ды стæм нæ Фыдыбæстæйы хуымæтæг салдæттæ. Нæ хъысмæт иу у. Ды тамако нæ дымыс, уый хорз, у. Лæвар дын кæнын мæхи конд зынгхос, цæмæй дæ зынг ма бахуысса хæсты быдыры, — загъта цæф танкист.
Реуазты Верæ Уыцы зынгхос абон дæр мæхимæ ис. — Зажигай, чтобы огонь не потух! — ныхъхъæр ма кодта цæф. Чысыл фæстæдæр нæ чъылдыммæ æндæр машинæ æрлæу- уыди. Мæнæ нæ размæ йæ фазыл æрбабырыди цæф фельдфе- бель. Йæ сæры туг лæдæрсы йæ цæсгомыл. Йæ къухæй баца- мыдта йæ цæфтæм. Йе скъуыдтæ тæнæг цинелы фæдджийæ сæрфы йæ дзыхы туджы къуыбæрттæ, семæ — æртæ дæнда- джы. Бабастон ын йæ цæфтæ. — Чызг, цæфтæ дæм ис? — афарста мæ хæрз æрыгон шо- фыр. — Нæй. Æрдæбон сæ аластой. — Чызг, æз уæззау цæфты ласын. Фен-ма сæ. Се ’ппæты уавæр дæр, хæсты быдыры куыд вæййы, афтæ уыди. Фельдфебель ныккуыдта йæ хъæлæсы дзаг æмæ æрбабыры- ди мæ размæ. Шофырмæ дзурын, алас, зæгъын, ай дæр. Цæмæй цæф салдæттæ маст исыны охыл уацайраджы фырнадæй ма амарой, уый тыххæй ма мæ ныхасыл бафтыдтон: — Мах фашисттæ не стæм, цæф уацайраджы «Смерш»-мæ бахæццæ кæнын хъæуы. Уым ын алыг кæндзысты йæ хъысмæт. — Чызг, ай бæсты мын кобрæ мæ роны сæвæр. Знон мæ фыд фæмард ацы цъаммарты къухæй. Мæ фыд уæй кодта мыд æмæ уыцы æфтиæгтæй балхæдта танк «Т-34». — Асæрф дæ цæссыгтæ. Дæ ном куыд хуыйны? — Артем. — Артем, схиз гуыффæмæ, ацагур уацайрагмæ хæцæнгæрзтæ. — Мæнæ йæм ссардтон парабеллум йæ хæлафы комдæлы пилоткæйы тыхтæй. — Йæ дзыппыты йын фен нæмгуытæ. Парабеллум æри ардæм. Бахæццæ кæн цæфты медсанбатмæ. Фельдфебелы рат- дзынæ «Смерш»-мæ. — Мæнæ ацы... уыныс, уыныс, чызг, æмбары дзырд «Смерш» ацы æнæкъона фашист. Нæ йæ фæнды бахауын «Смерш»-мæ. — Гитлер шлехт! Наин, Гитлер наин! —йæ гæндзæхтæ цæгъды уацайраг. — Чызг, нæмгуытæ йæм не ссардтон, — загъта Артем æмæ цæлхыты рæхыстæ дзæбугæй æрхоста.
«ХÆРЗБОН, ÆНЦОЙДЗИНАД. — Æфсымæртæ, æмбæлттæ, нæ мæ фæнды бадын йæ фарсмæ, — схъуыр-хъуыр кодта цæфтæй чидæр. — Артем, дæ фæсонты цæф дын абастон, цалынмæ ды дæ хус хъæбæр ныхъуырдтытæ кодтай, уæдмæ. Мæнæ дын спъиртт дæр, схуыпп дзы кæн. — Чызг, мæныл æхсæрдæс азы дæр нæма сæххæст, ды та мын спъиртт дарыс, — загъта Артем. Йæ къахы стыр æн- гуылдз ракаст йæ цырыхъхъæй. Цæфты аласта. — Девушка!.. Фестъæлфыдтæн, фæзылдтæн фæстæмæ: цавæрдæр майор. — Æмбал майор, цæф дæ? — бафарстон æй æз. Майор мæм цалдæр минуты æдзынæг касти, стæй афтæ: — Чызг, машинæйы кæй аластой, уыцы цæф салдæттæн ме- дицинон æххуыс ды кодтай? — Се ’ппæтæн нæ. Фæлæ сын сбæлвырд кодтон сæ цæфты уавæр. — Гуырысхойагæй се ’хсæн ничи, уыд? — Æмбал майор, дæ фарстæн дын фарст: дæхæдæг ды чи дæ? — Чызг, тынг хорз у, къæрцхъус кæй дæ, уый, —майор равдыста «Смерш»-ы кусæджы æвдисæндар. — Уацайраг цæф фельдфебелы сбадын кодтон шофыры фарсмæ. Йæ сæр баст у. Йæ парабеллум ын райстон, ифтыгъд нæу. — Парабеллум æри ардæм. — Майор, уацайраджы ссардзынæ 2-аг уæлдæфон-десантон дивизийы 13-æм медсанбаты командир майор Бешкаревмæ. — Петя, цыппæрвадæй размæ — «Студебеккеры» баййа- фын хъæуы, — загъта майор шофырæн, æмæ сæ «пикап» аны- гъуылди фæздæджы. Лорд рæйдта сæ фæдыл. Бацыдыстæм хæлд гаубицæйы цурмæ. Йæ хæтæлыл ын ба- кастæн: «Солдаты и офицеры, ни шагу назад! Погибать только головой на запад!» Лордимæ нæмгуытæ ласæг машинæйы бахæццæ стæм медсанбаты хирургты цатырмæ. Эфиры тæф фындзыхуынчъытæ æхгæдта. Цатыры кæттаг æмбæрзæн аиуварс кодтон. Цыппар æмæ ссæдзаздзыд хирург Ткаченко Николай Иваны фырт, Марук, наркоздæттæг Иваненко æмæ инструменттæдæттæг медицинон хо фæндзæймаг суткæ операцитæ кодтой уæззау цæфтæн. Йæ
(&6^*^*чГ^ Реуазты Верæ ^^ы^^ чъылдымырдыгæй Ткаченкойы гом зæнгты цæфтæ ауыдтон. Сæ туг лæдæрсти. — Николай, æз дæн дæ фæстæ. Дæ зæнгты цæфтæ дын абæттин уæд та?.. — А, Верæ, ды дæ? Кæцæй та фæзындтæ? Афтæ куы дзырд- той, фæмард, дам, дæ. — Дохтыр, уыныс мæ, удæгас дæн, — размæ балæууыдтæн, кастæн æм æмæ джихæй аззадтæн: — Николай, дæ маскæ сау цæмæн у? Цы æууилыс? — Верæ, мæн афæрс, мæн. Уыдон æртæйæ дæр махоркæ æууилынц, цæмæй ма фынæй кæной операци кæнгæйæ, уый тыххæй, — загъта Линæ. Йæхæдæг къулсæрæй æрæхгæдта йæ цæстытæ. — Линæ, кæм сты шприц æмæ судзин? Æри скальпель! Ныр, зæгъын, дæ фыд кæнæ де ’фсымæрæн операци куы кæниккам, уæддæр фынæй кæнис? Ма ку, ныссæрф дæ цæссыгтæ. Лорды рæйын райхъуысти цатыры чъылдымæй. Салдæттæ тæнæг хъæццулæй æмбæрзт цæф танкисты æрæвæрдтой зæххыл. — Дохтыр, нал нæм ис, цæфтæн цæмæй æххуыс кæнæм, уый, — загътон Ткаченкойæн. — Танкист уæззау цæф у. Цатырмæ æрбацыди дивизийы медицинон æххуысы служб- æйы сæргълæууæг Шапошников: — Кæмæ æнхъæлмæ кæсы уæртæ уыцы уадзыг танкист, Ни- колай Иванович? — Æмбал Шапошников, нал нæм и туг æмæ йæ ивæнтæ. Мах ын раттикам нæ туг, фæлæ нæ, уый чи хъæуы, ахæм туг никæмæн у. — Верæ, ды дæр ам дæ? — Æмбал Шапошников, хæсты быдырæй æрбацыдтæн нæ хызынтæ цæфтæн æххуысгæнæн æрмæгæй сифтонг кæнынмæ. — Хорз. Цыфæндыйæ дæр уæззау цæфы фервæзын кæнут. — Верæ йын донор уыдзæн... Æз мæ доны литр тыххæйты банызтон. Æрхуыссыдтæн стъо- лыл. — Верæ, фынæй ма кæн! — хъæр кодта Линæ мæ хъусы. Æлхысчъытæ мын кодта мæ рустæ. — Киряков, фезмæл, рахæсс танкисты документтæ, — загъ- та дохтыр Марук. — Мæнæ сты, сæ туг сын сæрфын.
«ХÆРЗБОН, ÆНЦОЙДЗИНАД...» .<^^^&7) — Чи у? Йæ мыггаг, ном æмæ йæ фыды ном? — фæрсы йæ Марук. — Хистæр лейтенант Саламты Николай. Иннæ фыстытæ тугæй нæ зынынц, — загъта санитар. — Линæ, баххуыс мын кæн. Стъолæй æрхизын мæ бон нæу, — загътон æз. — Киряков, цы фæдæ, тагъддæр дзур. — Дохтыр, хæйрæг дæр æй нæ бамбардзæни. Фыст сты цавæрдæр æвзагыл: Ардонский, стæй та Ардон æмæ сæ фæстæ цыдæр дзырд «оситен» æви «осетин». Æз куыд æмбарын, афтæмæй туркаг у. Æрдæбон цыдæр дзолгъо-молгъо схауд йæ дзыхæй. Ныхæстæ хъуыстон, фæлæ сæ кæронмæ не ’мбæрстон: æрмæстдæр иуцасдæры фæстæ æрцыдтæн мæхимæ. Иу рæстæджы дивизийы командиры хæдивæг Маклаков æрæмбырд кодта полчъы фæскомцæдисон разамонджыты. — Линæ, хъуыды ма кæныс, мæ туг цы уæззау цæф тан- кистæн раттон, уый? — афарстон Линæйы... — Ныртæккæ дын йæ гæххæтт фенын кæндзынæн, — загъ- та Линæ. Систа йæ асыккæй. Фæстаг сыфыл уыдис фыст: «СО- АССР, Ардонский район, с. Ардон. Раненый старший лейтенант Саламов Николай Михайлович направлен в военно-полевой гос- питаль». Сæ быны, санитар туркаг дзырдтæ кæй хуыдта уыдон уыдысты: «О мæ мад, æри ма мын дон». Шапошников нæ дзаг хызынтимæ æрбахæццæ кодта нæ ба- тальонмæ. Срæмыгъды фæстæ кæмдæр цæф хæстон хъæр кæны. Лордыл абастон йæ дзаг дыууæ хызыны. Азгъордтам цæфмæ. Ссардтам æй акъоппы был мард знаджы уæрджытыл. Йæ сæр æмæ йын йæ къахы цæф абастон. Раластон æй иуварсмæ. Лорд йæ сæр ныттылдта, ныффу кодта æмæ азгъордта размæ. Дымгæ хаста сыгъд дзидзайы тæф. Лорд фæзылди фæстæмæ. Æз æм бахæццæ дæн. Цæф бæх мыр-мыр кæны, сиды æххуыс- мæ. Йæ цæф агъды туг лæдæрсы зæхмæ. Лорд дзыхълæуд фæкодта æмæ срæйдта. Нæ мæ уагъта размæ бырын. Бæх бас- мыста йæ барæгмæ. Бамыр-мыр кодта. Лæг йæ къухæй аиуварс кодта бæхы сæр. Бæх æрхуыссыд йæ хæдфарсмæ. Йæ сæрæй йын æххуыс кæны. Лорд хъырны, быры сæм. Цæф базмæлыд йæ мидбынаты. Ацагуырдта йæ къухæй, ссардта бæхы рагъ. Тыхтæ-амæлттæй æрдыдагъ цæхгæрмæ бæхы рагъыл. Бæх æмбырд кæны йæ фæстаг тыхтæ, цæмæй слæууа йæ къæхтыл:
Реуазты Верæ тухи кæны, тынг архайы, йæ цæстытæ зилынц туджы. Стыр фыдæбæтты фæстæ йын бантысти йæ лæмæгъ къæхтыл слæуу- ын. Смуды зæхмæ. Æдас ран æвæры йæ къæхтæ. Цæуы сабыр- гай. Лорд быры йæ разæй. Цæуылдæр фæгуырысхо æмæ æрлæууыди, стæй схъырныдта æмæ фæстæмæ фæзылди. Уый мын æмбарын кодта, ам тæссаг кæй у, уый. Бæх басмыста зæхмæ, ныххуыррытт кодта æмæ аивта йæ фæндаг. Ныр Лорд згъоры сæ разæй, йæ къæдзил йе ’ккой, афтæмæй. Æрбахæццæ сæ кодта мæ цурмæ. Барæджы цæфтæ абастон. Бæх йе рагъæй цæфы исын нæ уадзы. Санитарон хайад кæм уыд, уыцырдæм йæхæдæг фæраст. Стæй нæ къæхты бын зæхх нызмæлыд. — Лорд, лидзын хъæуы, — загътон ме ’мбалæн. Æмæ Кар- паты тархъæды кæрон æрлæууыдыстæм. Нæ фæдыл згъордта автоматæйхсджыты ротæ. Æрбахæццæ сты нæ цурмæ. — Чызг, фæтагъд кæн! Цом махимæ, нæ фæдыл немыцæгтæ сбырсынц! — ныхъхъæр кодта ротæйы командир. Тархъæды раджы талынг кæны. Хъуысы нæм автоматты къæр- къæр, хъæртæ, фæлæ чи сты — мæгъа. Нæ сæрмæ немыцаг хæдтæхæг ныллæджыты тæхы, æхсы нæ. Автоматты къæр- къæры фæстæ ракетæ фæзынди хъæды сæрмæ. Мæнæ та ног срæмыгъд. Фæлæ схъистæ махмæ не ’рбахæццæ сты. Агурæм фæндаг хъæдæй рацæуынæн. Бафæлладыстæм. Нал у цæуын нæ бон. Æрдузы ауыдтам зæронд хæдзар. Фæлæ кæй у, чи дзы ис? Цалдæр минуты æнхъæлмæ кæсæм. Уæртæ иу ацæргæ сыл- гоймаг фæзынди кæрты. — Чызг, дæ куыдзимæ цомут мемæ. Базонын хъæуы, чи ис хæдзары, уый, — загъта командир. Ныццыдыстæм. Сылгоймаг хæцы сæгъы бæндæныл. Æз æй фæрсын: — Немыцæгтæ уæм ис? — Уыдысты дысон. — Ардыгæй фæндаг дард у? — Нæу. Федтам фæндаг æмæ æрбаздæхтыстæм. — Æмбæлттæ, цалынмæ рухс у, уæдмæ уыцы фæндаджы фале куы фæуæм, уæд хорз уыдзæн, — загъта командир. Арвæй цыма топпы гæрæхтæ фæцыд.
«ХÆРЗБ0Н, ÆНЦОЙДЗИНАД...» — Лæппутæ, фрицтæ æх- сынц бæлæстæй! Бадынц цъуппытыл! — чидæр фæхъæр кодта. Фæмард и бастдзинады тых- тон хæссæг. Йæ аппарат дæр ныппырх. — Чызг, рыст дæм нæ хъа- ры? Дæ цырыхъхъытæй туг куы кæлы. Цæф дæ? — фæрсы мæ командир. — Цы? Мæнæй ницы риссы. — Ацу, фæндагæй иуварс æм æркæс. Æз бæласы фæстæ æрбад- тæн æмæ мæм мæ цырыхъ- хъытæ ласгæйæ бахъардта галиу зæнг æмæ рахиз агъды цæфты судзгæ рыст. Бабастон сæ. Цы- рыхъхъытæн сæ хъустæ алыг кодтон æмæ сæ ’рмæст афтæ- мæй скодтон мæ къæхтыл. Мæ цæфтæ тынг риссынц. Лордимæ цæуæм сабыргай. Мæ зæрдыл æрбалæууыди, Змейкæйæ цы армыдзаг сыджыт хастон, уый. Систон æй мæ дзыппæй, бас- мыстон æм. Мæ цæссыгтæ йыл æрызгъæлдысты. Куыд зынаргъ дæ адæймагæн, райгуырæн зæхх. Дæу хъахъхъæнгæйæ цæуынц мæлæтмæ милуантæ, дæу сæраппонд ацыдтæн æз дæр уæлæуыл зындонмæ, æвзонг чызг уæвгæйæ. Реуазты Верæйы сурæт. Скульптор Дзбойты Михал.
ХЪÆЦМÆЗТЫ Азæ ÆРТÆ ÆМДЗÆВГÆЙЫ МАД Ехх, мæ бон, æвæрдтат мын ныфсытæ Иу хъарм изæр, иу сæрдыгон бон: «Иуахæм фæзындзысты дæ фырттæ... Баууæнд, нана... Бауырнæд дæ... Зон... Рабаддзыстæм фынджы фарсмæ иумæ, Исдзыстæм кæрæдзи дзыхæй дзырд. ’Лхъивдзынæ та ды нæ сæртæ риумæ, — Цин кæнынмæ у ирон мад нымд». Фæлæ ныфс кæцы сæрдæй æвæрдтат! Чукчæйау мын хуртæй сты нымад. Чи зоны, хуыздæр цард мын ыссардтат. Батадис æнхъæлмæгæсгæ мад. Дзурын уæм, дзыназын та уæм дардмæ, Зонут æй, зæрдæхсайын у зын... Хъуысы: «Алло!..» Дзурынц та сæ мадмæ: «Цæй, нана, дæхæдæг уал фæзын!» ВИЛЬЯМÆН Цы хъом дын ысты азтæ та, о ме ’рвад? Нырма дæ сæрыл мит-халас дæр не ’рбадт. Хъуыды кæныс, пъеротæй хъазт нæ уынджы: Æмбылдтай мæ — нæ зындтæн æз дæ рыджы.
ÆРТÆ ÆМДЗÆВГÆЙЫ ,^/^^П)' Фыццаг куы райстай къухмæ ды цæвæг, — Нæ уынджы зад дæ цины фаг кæрдæг. Ыслæг дæ ды. Куыд рæвдз атахти рæстæг! — Ныр мæнæ кæс: нæ фæззæг дæр æрхæстæг. Цы дын уыд хæс — фыдæй фыртмæ лæвæрд, — Лæгау æй фидыс, баззайдзæн дæ фæд. Лæггадхъом лæг, уырдыглæууæг, нæ дохтыр, Адзалæн дæр æрхæцыс ды йæ рохтыл. Къуыдаргомæн сæрбахъуыды сæ ныфс. Цæгатимæ нæ ’фсымæрау бæттыс. Фæцæр нын уыйас, цас дæ уарзынц адæм, — Æнæнизæй нæртон фынгтыл фæбадæм. БАХИЗ МÆ, ХУЫЦАУ Бахизин, бæргæ, мæхи ызнагæй. Бахиз мæ, Хуыцау, ды та æрвадæй, Бахиз мæ, Хуыцау, ды та æмгарæй! — Бафтауын сыл хорзæхтау мæ цинтæ, О, фæлæ нæ бамбарын сæ хинтæ. Сомыхъом мæ раст удæй дæн рагæй. Райсин æз мæ уды ’фхæрд ызнагæй, Амæлин фæлтау æлгъаджы кардæй... Фæлæ, охх, кæдæм лидзон мæнгардæй — Ме ’рвадæй, мæ буц æрдхорд-æмгарæй?
КОБЕСТЫ Зауырбег УЫНАЛ Къаламонæг, сау хъæд... Майрæм-дон — * йæ бынмæ. Нæзытæ, сырх фатхъæд рараст ысты былмæ. Хуссарварс — æрыскъæф, цæгæттæ — мæнæргъы. Гом рагъыл — фырæнтæф, сатæг — хъæды, æрхы. Фосхизæн тъæпæнтæ, гукъатæ, æхсæлы, Урс-урсид æхсæрдзæн тæрфытæм ызгъалы. Хохы сæрмæ цæргæс холыагур зилы: Лыстæг сырдтæ — уæлвæз; хъуызгæ калм фæхилы. Гакк-гукк къохы бастад — азæлы йæ хъæлæс. Рæгътыл урс мит атад, раластой сæ пæлæз. Хъæу цыма — дæ армы. Нæузæххыл — Æрдзимон. Зæрдæ дзуры: гъа-ма, рагъы сæр æрсимон!.. Бирæ дон фæтардта денджызмæ Æрыдон, Бирæ зæхх фæдавта ивылдæй сæрдыгон. Алы ран хъæууæттæ: риссы, судзы зæрдæ. Баци хох тæркуады... Уасы уыг нæ кæртæй... Цалынмæ æгас уон, цæст кæдмæ уына, Уалынмæ мын уарзон — райгуырæн Уынал.
ЦОКОЛАТЫ Насырбег СОФЯ ÆМÆ АХМÆТЫ ТАУРÆГЬ '3 цы таурæгъ ракæнынмæ хъавын, уый æрыгонæй мæхи хъустæй фехъуыстон нæ хъæуы зæронд лæгтæй. Уыдон уыдысты Гутнаты Багко, Елхъанаты Дзæрæх, Хæуытаты Тæтæрхъан, нæхи Афæхъо. Се ’ппæт дæр сæдæ азæй бирæ фылдæр фæцардысты. Ацы лæгтæн Цæлыккаты Ахмæтимæ сæ цард иу уыдис æмæ йын йæ хабæрттæ дæр хорз зыдтой. Софяйы зарæг дæр-иу кодтой. Адон-иу Ныхасы куы рабадтысты æмæ-иу зæлдаг бæндæн быдау таурæгътæ кæнын куы байдыдтой, уæд сæм-иу адæймаг хъусынæй не ’фсæсти. Слонаты Хъуыдæберды фырт Глаха уыдис Уæрæсейы æфсады инæлар. Иу рæстæг æй рауагътой йæ службæ фæуы- ны фæстæ йæ хæдзармæ. Глаха йæ фæндаг ракодта йæ фыды ’рдхорд кæсгон æлдар Мыртазаты Мысосты хæдзарыл. Мысост ыл тынг бацин кодта, хорз æй суазæг кодта. Мысосты чызг Фаризæтыл уæд цыди цыппæрдæс азы. Глахайы зæрдæмæ фæцыди. Хæрзконд, рæсугъд афицер дæр чызджы зæрдæйы ныххауд. Афицер фæцыди уæдæ фыды зæрдæмæ дæр. Æмæ, кæд Фаризæтæн мой кæнын афон нæма уыдис, уæддæр æй æлдар сра- зы Глахайæн раттыныл. Гъе æрмæст æртæ-цыппар азы фæстæ. Цыппар азы нæ,
фæлæ дыууæ азы фæстæ Глаха Кæсæгæй Сæнамæ рахаста Фа- ризæты. Иумæ фæцардысты фондз азы. Стæй Фаризæтæн рай- гуырд чызг, æцæг Фаризæт аргæ-арын амарди. Уыцы рæстæг гуырдзиаг чындз Нинойæн та райгуырди лæппу. Фаризæты сывæллоны Ниномæ бахастой дзидзи дарынмæ. Сы- вæллоныл ном сæвæрдтой Софя. Глахайы хæдзары ма сылгой- магæн баззади йæ фыдыхо, зæронд ус Разиат. Афæдзы фæстæ Глаха ракуырдта дыккаг ус. Сидзæр сывæллоны хъомыл кодта Разиат. Глахайы дыккаг усæн райгуырди лæппу. Уæдмæ Разиат амардис. Æртæаздзыд Софямæ фæкæсæг нал уыди. Фыдыусæн йæ ном йæ уæлæ, нæ бауарзта Софяйы. Иу фæззыгон изæр кæсгон æлдар Мыртазаты Мысост йæ фырт Аскæрбиимæ файтоны æрцæйцыдысты Калакæй. Сæнамæ сæ бирæ нал хъуыди, афтæ хур хæхты аууон фæци. Йæ тынтæ зæлдаг æндæхтау анывæстысты хъæуы сæрты хохæй-хохмæ. Аскæрби бадти разæй бæхтæрæгæн. Лæппу, бæхтæ сабырдæр ауагъта. Талынджы хæхбæсты тынг зын цæуæн у, тæссаг. Æрхæццæ сты Сæнайы хъæугæронмæ. Уым, хъæуы сæрмæ æввахс, уæлмæрдты дæле хæл-хæлгæнгæ уади хæххон суадон. Лæппу фæурæдта. Мысост рахызти файтонæй, йæ нымæт æмæ йæ уæлдзарм худ файтонмæ баппæрста, йæ къухтæ æхсынмæ куыд фæцис, афтæ уæлмæрдтырдыгæй йæ хъустыл ауад сывæл- лоны кæуын. Уый бонæй сывæллæттæ хъазгæ-хъазгæ æмæ дидинджытæ тонгæ схæццæ сты суанг уæлмæрдтæм. Изæры алчи йæ сывæл- лоны ракодта. Софяйы ракæнæг нæ фæцис, æмæ уым баззади. Нино дæр йæхи лæппуйы ракодта, Софя иннæ сывæллæттимæ рацæудзæн, зæгъгæ, йæ ныууагъта. Хæдзарæй та йæм ракæсæг нæ фæци, Глаха уыцы рæстæг уыдис балцы. Аскæрби фыды фæдзæхстæй суади æмæ æцæгæй дæр йæ гыццыл хæрæфырт. Ноджы ма Аскæрбийы куы федта, уæд тынгдæр фæтарсти æмæ тынгдæр ныккуыдта. Уый йæм дзуры, Аби дæн, Аби дæн, зæгъгæ, фæлæ йæ талынджы йæ гыццыл сæр нал ахста. Аскæрби йæ йæ хъæбысмæ фелвæста, уый кæугæйæ йæ хъуырыл ныттыхсти. Аскæрбийæн дæр сывæллоны тæригъæдæй йæ цæссыгтæ гæр- гæрæй уадысты йæ рустыл. Æрхаста йæ Мысосты размæ. Уый йæ р>айста йæ хъæбысмæ, нымæтæй йæ æрбамбæрзта, йæ риу- мæ йæ æрбалхъывта, æмæ йæ буары уазал риз ацыди. Аскæрби лæууыди чысыл æддæдæр æмæ касти йæ фыдмæ. Никуы йæ федта афтæ тыхстæй, никуы йын федта йæ цæссыгтæ афтæ
СОФЯ ÆМÆ АХМÆТЫ ТАУРÆГЪ --^;^^5У. | щ I, -II-!'! 41 I II II I -,--,„,,, , .ГГ’^’-У^У^ТшДД»^- / ивылгæ. Кæуын хъæлæсæй йæм дзуры Мысост, цом, дам, дарддæр нын ам лæууæн нал ис, зæгъгæ. Иу чысыл куы æруа- дысты , уæд æрбазынд адæймаджы æндæрг. Дæлæрдыгæй чидæр сцæйцыди. Кæд сидзæр сывæллоны тæригъæдæй мæстæй хæлди Мысост, уæддæр æм аив нæ касти йæ аласын, Глахайы хæдзармæ æнæ фæхæбар кæнгæйæ. Аскæрби фæурæдта бæхты. Салам радта Мысост æнæзонгæ лæгæн æмæ йæм æрхатыд, цæмæй Слонатæн фехъусын кæна, сывæллоны йæ мадыр- вадæлтæ фæласынц, зæгъгæ. Уыцы æнæзонгæ лæг та уыдис Глахайы раззаг ус Фаризæты æмдзуарджын Берозты Уырызмæг, стыр фæндагмæ зилæг. Уырызмæг Слонаты дуармæ куы схæццæ, уæд æм уæладзыгæй Глахайы ус рахъæр кодта, Уырызмæг, уыцы æнæнтыст сывæллоныл, дам, дæ цæст никуы æрхæцыди. Мады æрвадæлтæ йæ фæласынц, зæгъгæ, йын загъ- та, æндæр æм ницы сдзырдта. Софя рæзыди Кæсæджы йæ мадырвадæлтæм. Йæ дыууадæс азы йæхи фесты. Фæцалх сыгъдæг кæсгонау дзурыныл, иронау ма искуы-иу ныхас зоны. Мысост сагъæс кæны, ацы сывæллон йæ мадæлон æвзаг куы ферох кæна, уæд мын худинаг уыдзæ- нис, фæлæ, цы ’рхъуыды кæна, уый йæ сæр нæ ахста. Бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ Мысост Софяйы баласта Хæрис- джынмæ йе ’рдхорд Борзиаты Долæтмæ. Софя Борзиаты би- нонтæн йæхи бауарзын кодта йæ арæхстдзинадæй æмæ йæ сæрæндзинадæй. Софя хæдзары мидæг алы куыстмæ дæр хорз арæхсти, хæринаг кæнынмæ, æфснайынмæ, хъуццытæ дуцынмæ, суанг ма-иу фыййауæн хæринаг дæр ахаста. Æмæ йæ хæдзары бинонтæ дæр афтæ уарзтой, æмæ йыл раст æрхъæцмæ нæ хъæцыдысты. Уæдæ конд æмæ уындæй дæр, æмбисондæн хæссинаг кæй фæзæгъынц, афтæ уыдис. Уæдæ, сылгоймаг цæмæй фидауы, уыцы миниуджытæй се ’ппæтæй дæр æххæст уыдис. Уæды рæстæджы Хæрисджыны цардис бирæ адæм, æмæ сын Софя раст хи хойы хуызæн уарзон адæймаг уыдис. Кæрдзындæттон æмæ адæмы уарзон лæг уыдис Борзиаты Долæт. Бирæ зонгæтæ æмæ йын æрдхæрдтæ уыд Долæтæн Кæсæджы, Уæлладжыры комы, Дæргъæвсгомы, Гуырдзыйы, уæдæ хи комимæ та уæлдай хæларæй царди. Долæтæн йæ хистæр хо уыдис Дæллагхъæуы Цæлыккаты ус, йæ лæппу хуын- дис Ахмæт. Ахмæт куы рахъомыл, уæд арæх æфтыдис Хæрисджынмæ йæ мадырвадæлтæм. Ахмæт уыдис хæрзконд, æлвæстастæу лæппу. Стæй ахуыргонд. •
Цоколаты Насырбег Ахмæт æмæ Софя кæрæдзийы зæрдæмæ фæцыдысты. Сæ фæлмæн цæстæнгасæй кæрæдзийы рæвдыдтой. Бонтæ цыдысты, кæрæдзи ивгæ. Сæрд уыдис йæ тæккæ тæмæнæй, афтæмæй иу бон Долæты дуармæ сæ бæхтæй æрфистæг сты уазджытæ. Уыдон уыдысты Долæтæн йæ гуыр- дзиаг æрдхорд йе ’мбæлттимæ. Ирон æгъдаумæ гæсгæ кæстæртæ кусарт кæнынмæ февнæлдтой. Софя уазджытæн сæ къухтыл дон æркодта, сыгъдæг хисæрфæн сын рахаста. Стæй та сын фынг ацарæзта, арахъхъ æмæ уал уазал хæринæгтæ. Уазджытæ сæ цæст æрæвæрдтой Софяйы рæвдз æмæ арæхст æвнæлдыл. Ирон адæмæн фыдæй баззад уазæджы сбуц кæнын, уазæгмæ цæсты рухсæй ракæсын. Долæт йæ уазджыты хорз сбуц кодта, фæлæ йæ гуырдзиаг æрдхорд ныллæууыд æмæ загъ- та, Софяйы мын мæ фыртæн радт, зæгъгæ. Гуырдзиаг иуырдæм, Долæт иннæрдæм. Долæт ын загъта, Софя мæ чызг нæу, ме ’рдхорды чызг у æмæ йæм ацу, æмæ дын æй кæд дæтты, уæд — табуафси, æз цæттæ дæн чызг æрвитынмæ. Уæддæр гуыр- дзиаг ныллæууыдис æмæ загъта, чызг дæ хæдзары ис æмæ, ды куыд зæгъай, хъуамæ афтæ уа. Бирæ радзур-бадзуры фæстæ гуырдзиаг систа æртиссæдз сызгъæрин туманы. Долæт адæргæй йæ къæбут аныхта, йæ къæхты бынæй ныуулæфыд, иуцасдæр йæ дзыхæй ныхас нал схаудта. Ногæй та бирæ радзур-бадзуры фæстæ Долæт сразы йæ уазæджы фæндоныл. Æхсæвы бинонтæ куы схуыссыдысты, уæд Долæт æмæ гуырдзиаг бауынаффæ кодтой: уыдон райсом ацæудзысты, Хæрисджыны фале сæхи бааууон кæндзысты, стæй Софя фыййауæн хæринаг ахæсдзæн, æмæ фæстæмæ куы раздæха, уæд æй бæхыл сæвæрдзысты æмæ-иу дарддæр сæ фæндаг дарæнт. Софяйы Хилачъы æфцæгыл ахастой Тырсыгоммæ, Тырсы- гомæй та гуырдзиаг хъæу Сионмæ. Мæсыгмæ йæ бакодтой æмæ йыл уым дуæрттæ сæхгæдтой. Йæ рацæуæны та йын æд хъы- был дзæргъ бакодтой, лидзынæй йын тарстысты. Пысылмон æгъдаумæ гæсгæ та йын хуымæ хæстæг цæуæн нæ уыдис. Ахмæт уыдис балцы. Кæд Ахмæтæн йæ зæрды бирæ бафæ- стиат кæнын нæ уыдис, уæддæр, лæг куыд фæзæгъы, æдзух афтæ нæ рауайы. Æмæ Ахмæт дæр æгæр афæстиат. Æмæ алы æхсæв дæр Софяйы йæ фыны уыдта. Куы-иу æй мардæй фед- та, куы-иу æй дон рацæйласта æмæ-иу афтæмæй æрцахста, куы-иу æй хæхты сæрты йе ’ккойы фæцæйхаста. Ахмæт йæ балцæй куы ’рбаздæхти, уæд сæхимæ бауадис, йæхи фенын
СОФЯ ÆМÆ АХМÆТЫ ТАУРÆГЪ ^^^^97? кодта, мæнæ дзæбæхæй æрбаздæхтæн, зæгъгæ, æмæ уыцыиу цыдæй Хæрисджынмæ ацыдис, йæ фынтæм гæсгæ Софямæ йæ зæрдæ æхсайдта. Æмæ ма цæй Софя æмæ цæй æндæр. Ахмæт Долæты бафарста, кæдæм ахастой Софяйы, уымæй, фæлæ йын исдугмæ нæ хъæр кодта, исты фыдбылыз куы скæна, зæгъгæ. Фæлæ йæ Ахмæт йæхиуыл баууæндын кодта, æмæ йын уæд радзырдта, гуырдзиаг хъæу Сионмæ йæ кæй ахастой, уый. Ахмæтæн фæндæгтæ амонын нæ хъуыдис. Иу бон та Софя мæсыджы рудзынгæй кæсы æмæ хъарæг кæны, тæхуды, æмæ, дам, ма куырттатаг барæг йæ цæстæй дæр чи фены. Уалынмæ кæсы, æмæ комæй иу барæг æрбазын- ди. Софя кæугæйæ йæхицæн дзуры, кæд куырттатаг барæг уа, уæд фурдæн йæ тæнджытæ нæ агурдзæн. Барæг фурдæн йæ тæккæ гуылфæны йæ бæх батардта, æмæ мæсыгмæ йæ ных сарæзта. Софя Ахмæты базыдта æмæ йæм мæсыджы рудзынгæй урс хæцъил тилы, цæмæй йæ уый куыд фена. Ахмæт мæсыджы дуæрттæ басаста, дзæргъы йæ ехсы хъæдæй иуварс аппæрста, æмæ Софяйы рахаста. Ахмæт æмæ Софя боныфæстагмæ афтыдысты фæсарæнтæм, цардысты Парижы. Уым сын райгуырди сывæллон. Æвæдза, адæм фыццаг куыд æфсармджын, куыд æгъдауджын уыдысты. Ахмæтæн йе ’фсарм фæдомбайдæр, æмæ йæ мад æмæ фыдмæ нæ ныффыста, мæнæ нын сывæллон райгуырди, зæгъгæ, фæлæ йын йæ гыццыл гуккы æнгуылдзтæ гæххæттыл сныв кодтой æмæ йын йæ уæлтъыфыл ныффыстой: лæппу. Стæй та иуцас- дæры фæстæ дыккаг ныв сæрвыстой. Æцæг уымæн йæ уæлтъ- ыфыл ницуал фыст уыдис, æвæццæгæн, уый дæр лæппу уыдис. Афтæ зæгъæн ис, æмæ Ахмæт дæр æмæ Софя дæр амардысты Францы, чи зоны, æмæ ма сæ цоты цоты цот абон дæр уым искуы цæрынц. 7 Мах дуг № 11, 2003
БИйкъйты михап: п язы
МАМИАТЫ Изетæ МИФ ÆМÆ ÆЦÆГДЗИНАД ФЫССÆДЖЫ АИВАДЫ улкъаты Михал... Ацы номимæ цæсты раз сысты интеллигентон, хъуыдыгæнæг æмæ æууæнкджын адæймаджы сурæт. Йе ’нæхудгæ цæстыты фæлварæг каст — уды рæбынæй цæуæг рухсы уылæн ыл сабыр не ’нхъæвзы, зæгъгæ, уæд, чи зоны, уазал æнгас лæвæрдтаид цæсгомæн. Тызмæг (æви хъизæмайраг?) сагъæсы тæмæн хъазыд йæ тæрныхыл, аргъуаны дзуарынывау ыл цахæмдæр сусæгдзина- ды гакк æвæрдта. Ныр ма йæ цы зонын хъæуы: хъысмæты уæззау разæнкъарæн уыд уый... Дугивæн рæстæджы маргджын калм æвдæрзта нывгæнæджы зонд æмæ хъуы- ды, йæ рæстылдзу сыгъдæг зæрдæ хæрамимæ ныхмæлæуды химидæг сыгъ- ди. Æмæ цас йæ риссæгты судзаг арфдæр норста, уыйас сæ мынæг цæхæр адæй- маджы катайыл æфтыдта. Уалынмæ — æнæнхъæлæджы фыдуац: ацыд а дунейæ Булкъаты Михал, æхсæвы бафынæй æмæ нал райхъал... 65 аздзыдæй йæ æрхуым зæрдæ ра- царæзты цæлхдуртыл фæкалд æмæ ба- мыр. Æнцон нæу уыцы кары искæйы къуым- ты рахау-бахау кæнын: Михал гуыр- дзиаг экстремистты азарæй ныууагъта йæ хъарм къона, фæиппæрд йе ’нгом бинон- ты аудынæй. Айдагъ йæхи уды тухæнтæн,
æвæццæгæн, быхстаид, фæлæ йæ удхайраг кодта Хуссар Ирыс- тоны трагедион хъысмæт, æмткæй, удгоймаджы æбар æмæ æвадат уавæр, поэты загъдау, «æвыд-дывыдоны» дуджы. Нæ ныффæрæзта уымæн, æмæ та ирон дзырдаивад бавдæлон йæ хуыздæр курдиæттæй иуæй. Цымыдисаг æмæ вазыгджын у фыс- сæджы цардвæндаг, йе сфæлдыстадон хъысмæт. Булкъаты Гаврилы фырт Михал райгуыр^д 1928 азы 14 но- ябры Ахметайы районы Черекаулы хъæуы. Йæ ныййарджытæ уыдысты хуымæтæг зæхкусæг адæм. Михалæн йæхи ныхæстæм гæсгæ, йæ фыдмæ балцы бæх æмæ иу цæд галтæ кæй уыд, уый тыххæй кулакты сау номхыгъдмæ бахауд, æмæ 1933 азы тъæнджы мæйы æд бинонтæ Сыбырмæ хаст æрцыд. Михал йе ’нахъом буарыл бавзæрста «æнæбары балцы» фыдаудæн, æвдисæн уыд, йæхи цахъхъæн сабитæ-иу æхсæв брезенты бын куыд баргъæфстысты æмæ-иу сæ райсомæй лæдзджытау салдæй куыд райстой, уымæн (кæс: Мах дуг, 1991, № 8, ф.ПО). Ми- халы амонд тыхджындæр разынд. Сыбырæй сæрæгасæй сыздæхт. Райста техникон уæлдæр ахуырад, 1953 азы каст фæци Тбилисы æфсæнвæндаджы инженерты институт. Куыста Дон- бассы, стæй Гуырдзыстоны, сахар Самтредиайы æфсæнвæнда- джы хайады. Фыссæн сис æрæджиаугомау райста йæ къухмæ, уый хыгъд йæ фыццаг сфæлдыстадон къахдзæфтæ, кæд бынтон æнаипп нæ уыдысты, уæддæр чиныгкæсæджы зæрдæмæ уайтагъд фæндаг ссардтой. 1961 азы журнал«Фидиуæджы» фæзындысты йæ радзырдтæ«Иу цæссыг»,«Трактор æмæ гутоны зарæг»,«Нæ- мыгдзæф фæндыр». 1964 азы хицæн чиныгæй рацыдысты Цхин- валы ("Удæгас обелиск»). Уым уыд царды хи фæндаг агурыны фæлтæрæнтæ, рæстæджы размæцыд æййафыны пафос, хъуы- сыд дзы цардимæ æмдзугæнæг фæллойы симфони. 70 — 80-æм азты райдыдта Булкъаты Михалы сфæлдыста- ды ног фæлтæр, мах æй бæттæм историзмы æнкъарынады рæзтимæ. Фыссæджы хъуыдымæ гæсгæ, ивгъуыды фæлтæрддзи- надæн ис егъау æмæ ахадгæ нысаниуæг, номхуындæй, адæмы монон культурæйы уидæгтæ, национ удыхъæды апп ам, исто- рийы æрфыты, агургæ сты. Ацы жанры цы уацмыстæ сфæлдыста, уыдон ирон адæмы хъысмæтыл афæлгæст куы рахонæм, уæд, æвæццæгæн, нæ фæрæдидзыстæм. Нæ рагфыдæлты тызмæг æмæ хъазуатон царды (XIII æну- сы кæрон — XIV æнусы райдайæн) нывтæ фæлынды Булкъаты
МИФ ÆМÆ ÆЦÆГДЗИНАД ФЫССÆДЖЫ АИВАДЫ ^С^^ГО П Михал йæ роман «Дæ фыдæлтæ — рухсаг!..»-ы. Аланты сахар Дур-чъыры цардыуаг, сыхаг адæмтимæ ахастытæ, сæрибарыл тохы цаутæ аивадон æгъдауæй иртасыны размæ фыссæг сæрмагондæй сахуыр кодта историон зонæнтæ — рагон араб- баг, бердзенаг ахуыргæндтæ, философтæ æмæ разагъды бæлццæтты фыстытæ. Фæлæ нæ рагфыдæлты цард-уæвынадæй абоны дугмæ цы скъуыддзаг æвдисæнтæ æрхæццæ, уыдон фа- гыл нæ банымадта Михал ивгъуыды æххæст ныв саразынæн. Уымæ гæсгæ йе ’ргом аздæхта адæмон сфæлдыстады хъæздыг æвæрæнтæм. Историон документ, эпикон æрмæг æмæ авторы фантази — ацы æртæ«цæджындзыл» лæууы Булкъаты Миха- лы романы аивадон дуне. Ахæм вазыгджын синтезы бындурыл цы поэтикæ сæвзæрд, уый æппæтæй хуыздæр фадат дæтты Астæузаманы цæрæджы дуненкъарынад райхалынæн: гротес- кон æмæ алы диссаг æрымысгæ хабæрттæ уым æрдзон куы уыдысты!.. Фæлæ историон жанры ахсджиаг домæнтæй иу у бæрц зонын. Æмæ ам уацмысмæ ис къухбакæнæнтæ ссарæн. Фыццаджыдæр, сæ бынаты не сты сюжеты æргом авантюрон фæзилæнтæ: Саукуыдз-быдзеуы архайд æмæ гæнæнтæ иппæрд сты историон, стæй — сæйрагдæр — царды æцæгдзинадæй. Авторы аивадон фантази ахызт бæрцæнкъарæны арæнтæй, фоль- клоримæ йæ бастдзинад фегæр («фæцæхджын»). Уый йæ рæстæджы хорз бафиппайдта Æлборты Хадзы-Умар. (Фиди- уæг, 1983, №11). «Аргъауон» ситуацитæ дзы сæйраг бынат кæй бацахстой, уый кайы историон рæстдзинадæй, дызæрдыггаг кæны характер æмæ цауты æмархайд. Æмткæй фыссæджы фæнд бæлвырд у: «историон комулæфт» чиныгкæсæгмæ фæхæццæ кæнын, абонимæ йын иудзинад сса- рын. Хуымæтæджы нæ равзæрста йæ уацмысы сæргондæн Къос- тайы поэтикон рæнхъ, æрдæгыл кæй фæсаст, уымæй æфты йæ аивадон тыхыл: æмбарæм æй куыд авторы сфæлдыстадон ныстуан, йе стыр фæдзæхст æмдугонтæн, фæсивæдæн: рагфы- дæлты сгуыхт хабæрттæй уæ сæртæ бæрзонд хæссут, фæлæ сын ут фæстагæттæ, ивгъуыды кад æмæ намысæй цæрæн нæй, фæлтæрæй-фæлтæрмæ йыл куы нæ æфта, уæд. Историзмы домæн ноджы фæарфдæр Булкъаты Михалы роман-дилоги«Теркæй Туркмæ»- йы. Архайд дзы рæзы Кав- казы адæмты, уыимæ ирæтты, пысылмон хайы Туркмæ али- дзыны бындурыл. Фыссæг нывæнды, амондагур сæрсæфæны фæндагыл чи араст, уыдоны кæуинаг хъысмæт. Сæйраг конф-
Мамиаты Изетæ ликт æнцайы фольклорон æвдисæныл, зæгъгæ, хохæгты ’хсæн уыд сусæгвæнд паддзах æмæ йæ хъузæтты ныхмæ, йæ раздзог — Уырысы æфсады инæлар Куындыхаты Муссæ. Фæлæ сыл фæци гадзрахатæй цæуæг, æмæ растад фæсыкк. Паддзах Мус- сæйы раз æрæвæрдта карз ультиматум: Кавказ чи змæнты, уыдо- ны кæнæ йемæ Туркмæ акæнæд, кæнæ та Сыбыры бинаг къæй бауыдзысты. Муссæ адæмы сæр хъуыдыгæнгæйæ, сразы пад- дзахы домæныл, фæлæ Турчы йæ фæстаг бонты онг мысыд йæ райгуырæн бæстæ. Ахæм у легендæ. Фæлæ историон документтæ йæ ныхмæ дзурынц, ома Муссæ пысылмæтты амидингæнæг барвæндæй сси, уый сæрмагондæй куырдта паддзахы администрацийæ, зæгъгæ, Туркмæ лидзыны хъуыддаг иумæ саразæм. Мæнæ куыд фыста уæды Терчы зылды хицау Лорис-Меликов Кавказы æфса- ды сæйраг штабы хистæр, инæлар Карцовмæ:«Ацы хъуыдда- джы сæйраг рахæцæныл Куындыхаты Муссæ нымайы, йæхæдæг дзы кæй архайы, уый бынтон басусæг кæнын, æмæ фæдзæхсы, цæмæй, мемæ æмвæнд кæй у, уый адæмыл ма ахъæр уа...» (Кæс: Дзагуров Г.А. Переселение горцев в Турцию. Ростов на /Дону, 1925, ф.198). Муссæйы ацы дыдзæсгом политикæйы фæстиуæгæн фæзынд, Булкъаты Михалмæ гæсгæ, адæмон таурæгъ. Фыссæг ыл аива- дон æгъдауæй бакуыста, йæ идейон акценттæ йын ныхмæвæрд нысаниуæгæй раивта. Уацмысы сюжетон архайд рæзы тых- джын интригæйы бындурыл: Муссæ адæмы æууæнк ссары, пад- дзахы ныхмæ сæ растын кæны, нымудзæг дæр — йæхæдæг. Æфсад сыл куы æрхъула ис, уæд ын цыма æнæнхъæлæджы хабар у, йæхи афтæ æвдисы. Се ’ппæты разæй баппары йæ кард знаджы къæхты бынмæ, сразы кæны иннæты дæр сæ гæрзтæ раттынмæ. Афтæмæй фыссæджы къухы бафтыд Куын- дыхаты Муссæйы — адæмы хъуыдыйы национ геройæ чи баз- зад — уый æцæг цæсгом, йæ архайды историон нысаниуæг æмæ социалон-психологон аххосæгтæ сбæлвырд кæнын. Михал кæд йæ хъайтарæй цыфæнды æнæразы у, адæмы сафæг æй хоны, уæддæр æй, цы уыд, уымæй ныллæгдæр нæ кæны, æвдисы йæ стыр зонды хицау, курдиатджын разамонæг, дардмæ уынйг дæсны политикæй. Иæ алы къахдзæф дæр — нымад, йæ ныхас — развæлгъау барст, рæстдзæвин. Гъе уыцы миниуджыты фæрцы сси, иуæрдыгæй, паддзахы хицауады фæндтæ æххæстгæнæг, иннæрдыгæй та баззад адæмы ’хсæн нымад лæгæй.
МИФ ÆМÆ ÆЦÆГДЗИНАД ФЫССÆДЖЫ АИВАДЫ Уацмысы ахсджиаг у кард æмæ фæндыры темæ. Ирон дзыр- даивады йын ис арф æмæ рагон уидæгтæ. Мах зонæм, тыхагур стæртæ, хæстон сгуыхтыты æмрæнхъ Нартæм стыр кад кæй ис фæндыры цагъд æмæ уадындзы зæлтæн. Тохмондаг гуыппыр- сартæ æмхиц сты ноджы кафын æмæ зарынмæ, сæ гуыпп- хъазт æмæ къæрццæмдзæгъдмæ æрыхъал вæййы æрдз, суанг ма«бæрзонд Уастырджи» дæр фæзыны сæ хъæлдзæгдзинадмæ, «йæ бæхы барцыл фæндырæй цæгъдгæ, зæрин хъæлæсæй заргæ’мæ хъырнгæ». Хурзæрин ныллæууы арвы астæу, æрдæгфæндагыл, цымыдисæй кæсы уый дæр нæртон фæси- вæды арæхстмæ. Кард æмæ фæндыр — хæст æмæ хъазты фæйнæ символы — æддæг-мидæг ауадысты нæртон дунейы, стæй йе сфæлдисæг адæмы царды дæр. Уыцы хуызы сæ æвдисын ирон литературæ- йы сси традици (Къубалты Алыксандр, Барахъты Гино, Ма- литы Георги æмæ иннæты сфæлдыстад). Булкъаты Михал ацы темæмæ бахаста ног фæзилæн. Фыццаг ирон поэт Мамсыраты Темырболаты цардыл доку- менталон зонæнтæ хæрз стæм сты. Ацы фæлгонцыл кусгæйæ, авторы фантази райсы иртасыны æууæлтæ. Ахадгæ æрмæг ары фыссæг Темырболатæн йæхи зарджыты. Уыдонæй рæзы, адæ- мы трагеди хи уды рисæн чи айста, уыцы зæрдæргом æмæ хæд- зонд лæппуйы сурæт — йæ сайд æууæнк æмæ сыгъд бæллиц- тимæ, райгуырæн зæххæй фæхицæны фыдæвзарæнимæ. Темыр- болаты удыхъæды æууæлтæ, йæ архайд, йæ митæ, зæгъæн ис, æгасæй дæр фыссæджы æрымысгæ сты, фæлæ сæ аивадон рæстдзинад уымæй дызæрдыггаг нæ кæны. Афтæ нал зæгъдзыстæм романы сæйраг идейон ныхмæлæудæй (Муссæ — Темырболат). Персонажты мидахастыты логикæ кæд цы- фæнды æнæлаз у, уæддæр дзы бæрæг дары авторы субъективон хъомыс, тыхыскъуыд цæуынц, хæрæфырт æмæ мадыфсымæры ’хсæн тугхæстæгдзинады тæгтæ; кæрæдзимæ суанг знаджы цæстæй кæй акастысты, уый та у, «фегæр» кæмæй фæзæгъынц, ахæм антиэстетикон уавæр. Куындыхаты Муссæ æмæ Мамсыраты Темырболат дыууæйæ дæр хæстон лæгтæ сты. Æрыгон корнет иттæг арæхсы хæцæнгарзæй, фæлæ дзы куы сархайы, уæд алкæд фæсмойнаг фæвæййы. Фæндыр та йын у фарны дзаума, адæмы зæрдæтæм фæндаг, уымæн æмæ йæхæдæг дæр«зæрдæйы уидæгтæй» конд у. Нарты кадджытæй иуы, бынтæ уаргæйæ, иуæрдыгæй — фосы
(ГТо^^^ч^х Мамиаты Изетæ дзугтæ, иннæрдыгæй уадындз куыд æрæвæрдæуы, афтæ Миха- лы хъайтарæн дæр йæ ис, йæ бон, йæ иунæг рæстдзæвин«хæц- æнгарз» фæндыр (дзырдаивад) у. Тох дзы кæны йæ фыдыбæстæ, йæ адæмы сæрвæлтау. Стыр нысаниуæг ис романы историон рæсттæрхоны фарстæн. Нарты кадджыты фæндыр куыд аивады символ равзæрд траге- дийæ. «Иууыл цагъды куы фæуæм, уæддæр ацы фæндырæн ма уæд фесæфæн. Уымæй чи цæгъда æмæ мах ном чи мыса, уый уыдзæн нæхион!» — ахæм у фыдæлты эстетикон фæдзæхст. Мамсыраты Темырболаты поэзи дæр равзæрди ирон адæмы царды трагедийæ. Æмæ кæд йæхæдæг нæ аирвæзти лигъдоны фыдамондæй, уæддæр йæ«Сагъæстæ» бирæ азты фæстæ æрыз- дæхтысты фыдæлты зæхмæ æмæ ирон лæджы зæрдæ ссард- той. (Мистикон æнгæсдзинад хатæм ам романы авторæн йæхи хъысмæтимæ!). Аргъгонд цæуы Куындыхаты Муссæйæн дæр — Туркмæ лидзгæйæ, йæ сæрыхицау æмæ æнахъом сабийæ афтидæй чи аззад, уыцы ирон мады хъарæджы цъæхснаг ны- хæстæй:«Уæ, Муссæ, дæ хъæбул амæла, кæд нæ ацы сыгъд фæндагыл цæмæн ракодтай!..» Архайд фæвæййы лидзæг адæмы удхар æмæ маройæ, фæлæ йын уæддæр ис оптимистон азæлд. Уый æвзæры Темырболаты фæлгонцæй, йæ- поэзийы æвидигæ ахадындзинадæй. Роман«Теркæй Туркмæ»-йы Михал фольклоры поэтикон традицитæ æнгом сбаста нырыккон аналитикон прозæйы фæлтæрддзинадимæ. Уымæй рæзынц йæ персонажты миддуне æмæ архайды æрдзон иудзинад, психоанализы хъæздыг хуызтæ. Æппæтдæр ахъаз у, цæмæй алывЗерсыгæй райхæлой адæмы трагедийы социалон-политикон, экономикон æмæ психологон аххосæгтæ. Уацмысы бæлвырдæй уынæм XX æнусы 70 — 80- æм азты историон романы сæйраг тенденци: ивгъуыдмæ абоны цæстæй кæсын, фæлтæртæ кæрæдзиуыл чи бæтты, ахæм иу- дзинад дзы агурын, ирон адæмы зын æмæ хъизæмайраг фæнда- гыл раззагон æмæ реакционæй цы уыд, уый сбæлвырд кæнын æмæ йын нырыккон зонындзинæдты бæрзæндæй раст аргъ скæнын. Ацы бæрнон нысан æххæст кæнгæйæ, автор æппын ницæмæй фæкъуыхцы куы зæгъиккам, уæд уый раст нæ уаид. Фæлæ романы аиппытыл, номхуындæй æвзаг æмæ стилы дыз- гъуынтыл, йæ рæстæджы критикæйы ныхас кæй æрæфтыд, уымæ гæсгæ йæ фæлхат ницы пайда у. Михалы дарддæры сфæлдыстадон æнтыст сси роман «Нар-
МИФ ÆМÆ ÆЦÆГДЗИНАД ФЫССÆДЖЫ АИВАДЫ ,.<<^^^1о?) ты Сосланы æвдæм балц». Йæ мидис рæзы эпосы мотивтæ æмæ нæ адæмы ивгъуыды реалон цаутæй, архайынц дзы нæртон гуыппырсартæ æмæ сæ дард историон фæдонтæ. Романы уынæм миф æмæ историйы диалектикон бастдзинад. Йæ структурæйы æрдзон сты, хуымæтæг логикæйæ уæлдæр чи у, цауты ахæм æнæнхъæлæджы фæзилæнтæ, алыхуызон рæстæджытæ æмæ тыгъдæдты сиу, æнахуыр хуызивæнтæ («фæдыууæ уæвыны», «искæй мидæг бацæуыны» мотивтæ). Кæй зæгъын æй хъæуы, эпикон кæнæ историон сюжетты реконструкци нæу фыссæджы хæс. Нæ разы ис, фæсномыг ныхасмæ чи тырны, аивадон мифологизмы ахæм сæрмагонд хуыз. Уымæ гæсгæ уацмысы вазыгджын структурæйы алчидæр ссардзæн — йæхи философон-эстетикон цæттæдзинадмæ гæсгæ — фæйнæхуызон мидис. Иутæ дзы фендзысты æрмæст Нарты Сосланы цымыдисаг балцы хабæрттæ. Иннæты зæрдæскъæфт фæкæндзæн архайды динамикæ, фыссæджы хуызджын ныв- кæнынад, йæ æгæрон фантазийы стъæлфæнтæ. Æртыккæгтæ дзы ссардзысты хæстæг ивгьуыды сусæг аналоги. Чидæртæ та миф æмæ æцæгдзинады æмиуы, эпикон æмæ историон хъайтарты æмархайды рафæлгъаудзысты, суанг национ хъысмæтыл сагъæсæй егъаудæр чи у, ахæм — æппæтадæмон, æнусон ныса- ниуæг. Фæлæ цыма ууыл дæр нæ фæуд кæнынц авторы зæгъинæгтæ... Уацмысы мидисæн, денджызы айсбергау, йе ’цæг ас, «йæ уæрх æмæ йæ дæргъ» æххæстæй бамбарын æнцон хъуыд- даг нæу. Рæстæджы æгæрон цыд — ахæм у, мæ хъуыдымæ гæсгæ, «Нарты Сосланы æвдæм балц»-ы философон идейæ, йæ аива- дон лейтмотив. Йæ райхалыны хицæндзинæдтæ баст сты Афон æмæ Дæрддзæджы концепциимæ. Уацмысы цыдæриддæр æрцæуы, уый баст у Дæллаг дунеимæ: Барастыры бæстæ, Сау Цъыззы Цъас — дæлимонты паддзахад æмæ, аргъæутты дæр чи никуыма уыд, уыцы Æртыккаг дуне. Ретроспекцийы хуызы лæвæрд сты зæххон царды (эпикон æмæ историон) нывтæ дæр: нæртон дуне йæ мидныхмæдзыдтæ æмæ тыхмæ тых арыны фæткимæ (Сослан — Челæхсæртæг, Сослан — Нарты знæгтæ), феодалон дуджы контрасттæ (Тлаттаты Чермены сюжетон хахх), XIX æнусы национ сæрибарыл тох (Алыккаты Хазбийы истори) æмæ а.д. Романы сæйраг конфликт — Хорз æмæ Фыды ’хсæн æнæсцух тох, архайды рæзты астæумагъз — Нарты Сосланы балц хура-
Мамиаты Изетæ гур. Цавæр тых фенкъуысын кодта Нарты нæрæмон гуырды йе ’нусон бынатæй — Мæрдты бæстæй, цы йæ бафтыдта æбæрæг фæндагыл? Хурзæрин — рухс æмæ царды суадон, адæймаг æмæ йæ алыварс дунейы æрдзон рæзты символ — бахаудта талынг тыхты уацары. Номхуындæй Сослан цæмæн атындзы йæ агурæг? Эпосы ацы фæлгонц хайджын у Хуры бардуаджы æууæлтæй, фыссæгмæ дæр, нæртон дунейы йын цы нысани- уæг ис, уымæ гæсгæ у йæ бынат. «Хуры сæфт» кæнæ«хуры скъæфты» мифтæ арæх сты ду- нейон дзырдаивады. Зæгъæм, сербтæм ис, хуры дæлимон ас- къæфта, зæгъгæ, ахæм миф. Булкъаты Михалы романы Хызы- фырт Челæхсæртæг дæр дæлимонты ардыдæй æрбасайдта йæхимæ Хурзæрины æмæ йæ рæхысбастæй дары — адæймаг æмæ дæлимоны æмцæдисы бындурыл сырæзæг Æртыккаг ду- нейы. Кæй æмæ цæмæн бахъуыд йæ саразын? Цавæр сты йæ иртасæн миниуджытæ? Æртыккаг дунейы нæ нымайынц бонтæ, мæйтæ, афæдзтæ, нæ хынцынц рæстæг. Дæлимонты паддзах Дзæцъу æмæ Челæхсæртæг кусынц адæймаджы ног фæлтæр сфæлдисыныл. Уый хъуамæ схицæн уа йæ зæххон æууæлтæй: фесафа зæрдæйы æнкъарæнтæ, мауал зона хæстæгдзинад, хæлар æмæ хæрам, уарзт æмæ фыдæх, йæ сæры мауал змæлой«хъуыдыйы марг- джын кæлмытæ». Цæвиттон, хъуамæ зæххон царды æмæ су- анг дзæнæты дæр цы амонд не ссардта, уый йын ам йæ къухы бакæной. Æртыккаг дунейы астæу арвмæ фæцыд Хызы фидар — деспотизм æмæ гуымиры тыхбары символ. Йæ сæрмæ æрца- уындзæг Мæнг хур. Йæ алыварс — алæмæты Æхсыры цад, авторы æвæджиау æрхъуыдыйы фæстиуæг. Йæ символон ны- саниуæг у мидисджын, хигъæдон, кæд фольклорон-мифологон бындурыл æнцайы, уæддæр (кæс: уырыссаг аргъауы мотивтæ- «река-оборотень»,«огненная река и Баба-Яга» æмæ æнд.). Ад- æмон сфæлдыстадæн æцæгæлон нæу мæнæ ахæм архайд дæр: алæмæты дон кæнæ-иу цады йæхи чи цынадта, уый-иу æндæр хуыз райста, йе та-иу бынтон фæцыдæр, адæм-иу æй нал уыд- той. Ноджы æввахсдæр аналоги — грекъаг мифологийы рохæф- тауæг зæд Лета, хыл æмæ хъаугъайы бардуаг Эридæйы чызг. Мæр*дты бæсты йæ ном цы дон хæссы, уымæй бануазæгæй-иу ферох йæ раздæры цард. Афтæ Михалы Æхсыры цады ахс- джиаг миниуæг дæр у адæймаджы зондыл мæрдырох æфтауын, йæ хъуыды æмæ æнкъарæны йын, цыма тынг амондджын у,
МИФ ÆМÆ ÆЦÆГДЗИНАД ФЫССÆДЖЫ АИВАДЫ ахæм тæлмæн уадзын. Фæлæ уый сæйраг нæу. Æмбисонды рæсугъд пакъуындзæджыты узæлд-иу цады найджытыл ад- джын хуыссæг куы бафтыдта, уæд, чи сафтид, уыцы сæрымагъ- зы Æртыккаг дунейы хицæуттæ æвæрдтой ног, сæхицæн бæззон- «программæ». Челæхсæртæг йæхæдæг дæр бавзæрста Цады кæлæнгæнæг хъомыс. Йæхи рахуыдта дæлимонты æлдар Лæгъза — ног дуне фæлдисæг æмæ адæмы ирвæзынгæнæг. Амонд æмæ цагъардзинад Æртыккаг дунейы сты синонимтæ. Ам æнæхъу- аджы ницы у, æнæнхъæлæджы дзы ницы сæвзæрд. Æртыккаг дунейы алцæмæн дæр ис йæхи антигуманон функци, йæ са- разджыты фыдвæтк æмæ фыдвæндмæ гæсгæ. «Амондджын» уæвын кæй нæ фæнды, уыдонæн цæттæ — Æнæсæттонты къуым æмæ, зæрдæскъуыиæн хъæртæ йæ хуылфæй кæмæн цæуы, уыцы Цъистгæнæн. Йе ’рхъуыдыгæнæджы бархъомысæй- иу æбуалгъ лæгæргæвдæны къултæ змæлын райдыдтой, цæмæй сиу уой æмæ се ’хсæн бахауæджы ныцъцъист кæной, сау ту- джы стъæлфæнæй дарддæр дзы мацыуал баззайа. Челæхсæртæджы Æртыккаг дуне у, алыхуызон социалон- историон афонтæ кæм сиу сты, ахæм æнахуыр эксперимента- лон тыгъдад. Ардæм, Хурзæрины фæдыл, æрбафтыдысты эпи- кон Сослан æмæ историон адæймаг Тлаттаты Чермен. «Æнæсæттонты къуымы» хъизæмар кæнынц хъобай- наг лæппу Алыккаты хъæбатыр Хазби æмæ Нарты урсзачъе балхон Уырызмæг. Иудзырдæй, Æртыккаг дунейы æрæмбырд сты Ирыстоны алы дугты минæвæрттæ, алчи дæр — йæхи за- маны бæрджытимæ, историон зонæнтимæ. Иу дзы иннæйы фæлтæрддзинадыл нæдæр дис кæны, нæдæр йæ сахуыр кæнынмæ тырны. Афтæ фехæлд афонты ’хсæн бастдзинад, мæрдырох бафтыд ивгъуыды мысæныл, Æртыккаг дунейы рæстæг ныггæппæлгай, амард. Фæлæ Хурзæрин та цы бахъыгдардта ацы бæстæйы«амонд- джын» цæрджыты, сæ«хуыцау» Челæхсæртæджы? Цæмæн æй æрсайдта йæхимæ æмæ йыл хъадамантæ цæмæн сæвæрдта? Вазыгджын нысаниуæг ис ацы аивадон фæлгонцæн. Уæлдæр цы миниуджыты кой кодтам, уымæй уæлдай ма у романы дæрддзæг æмæ афонтæ иугæнæг фæрæз, Рæстæг æмæ Дунейы хæрзвæткон мидисы символ. Йемæ баст цæуы иудзинад æмæ сæрибары, царды зилдухы идейæ (Хуры зæрин тынтæм Æртык- каг дунейы «амондджын» цæрджыты сæры магъзы«хъуыдыйы маргджын кæлмытæ » куы схæлбурцъ кæнынц, уæд сæм — уадз
Мамиаты Изетæ уысммæ! — февзæры, йæ цардæй разы чи нæу, ахæм æгоммæгæс лæджы æнкъарæн). Челæхсæртæг æмæ Сосланы, Челæхсæртæг æмæ Хурзæрины ’хсæн тох у хæрзиуæг æмæ фыдбылызы æнæбафидаугæ æнусон быцæу. Цымыдисаг у Булкъаты Миха- лы романы адæймаг æмæ дæлимоны æмцæдисы мотив. Фæстаг кæд сау тых æмæ алы æвзæрдзинæдты къуыбылой у, уæддæр ын æнæ зæххон æхсæнылæгæй адæймаджы хъысмæтыл саха- дыны бар нæй. Уымæ гæсгæ « адæймаджы цармы» бацæуынмæ йæ уд хъары, агуры дзаджджын мæр йæ фыдвæндтæн. Фыссæ- джы хъуыдымæ гæсгæ, Хорз æмæ Фыд фынæй сты æнусон тыгъдады æмæ æрыхъал вæййынц, адæймаг сыл куы бамбæлы, уæд. Уæдæ адæймагæн æрмæст йæхи удыхъæдæй, йæ бæллицтæ æмæ тырнæнты сыгъдæгæй аразгæ у, фыдæх рахæсдзæн цардмæ æви хæрзиуæг. Уыимæ амынд диалектикон бастдзинад Рæстæджы цыдимæ æндæрхуызон нæ кæны. Фыдбылыз, гæнæн ис, æнусты йæ хæрв аива, фæлæ йæ апп иудадзыгон у. Челæхсæртæг æмæ Дзæцъу Æртыккаг дунейы арæзт скарстой Хызы фидары нывтыл. Раздæр-иу дæлимонтæ Сосланы Дзындз- аласайы цæфхæдты бынтæ дæлдзæхæй фæттæй æхстой, ныр та ног, цыдæр æнахуыр тых зæхх сфæйлыдта, уæлдæфмæ йæ сæппæрста æмæ йæ Хуры ирвæзынгæнджыты сæртыл æруагъ- та. Алыккаты Хазби дæр бæлвырд кæны, фыдгæнджытæ Иры- стонмæ куы бырстой æмæ Санибайы цæрджытæм худаистæй куы сидтис, фæлæ йæ фæдисхъæр куы никæмæ бахъардта, фыццаг хатт Æхсыры цады тых уæд кæй бавзæрста. Ам ма символон рæнхъ:«Хур — Рæстæг — Адæймаджы хъуыды»-мæ бафтыд ноджы иу ахсджиаг цæг — «Райгуырæн бæстæ» . «Рай- гуырæн къуым дæр хур у, уæдæ цы у!» — дзуры Хазби. Æнæнхъæлæджы нæу, Æртыккаг дунейы фыдбылызы бын- дурæвæрæг æртæ хуызы æвдыст кæй цæуы, уый дæр: дæли- монтæн у се ’лдар Дзæцъуйы фыд Лæгъза, Сосланæн — Челæхсæртæг, Тлаттаты Черменмæ та афтæ кæсы, цыма йæ фы- дыфсымæр Даккойы цæрмыстыгъд бакодта. Ам зæрдыл æрлæу- уынц Б. Брехты ныхæстæ:«Чрево, породившее зло, все еще пло- доносит!» Романы сæйраг хъуыды баст у гъе ацы æнусон ныхмæ- вæрдимæ. Кæд Лæгъза, Челæхсæртæг, Даккойы иумæйаг сурæты уыйæм фыдми æмæ хæрамы антигуманон мидис, уæд æндæр фæлгонцтæ та (Хурзæрин — æрдзы тых æмæ царддæттæг — Са- тана, Нарты рæдау æфсин æмæ мад — Чермены фæлмæнзæрдæ Нана) та æвдисынц царды хæрзвæткон бындур.
МИФ ÆМÆ ÆЦÆГДЗИНАД ФЫССÆДЖЫ АИВАДЫ "Нарты Сосланы æвдæм балц»-ы сæйраг фарстытæй иу у адæймаджы царды нысан, йæ намысон-фæткон агурæнтæ. Тых- джын дзы у ноджы хъуыды æмæ зæрдылдарыны темæ. Дæли- монты хин æмæ сайæн митæн, Æхсыры цады кæлæнтæн чи ныббыхста æмæ йæ адæймагон миниуджытæ чи нæ фесæфта, уыцы персонажты фæлгонцтæй автор дзуры зонды нысаниуæ- гыл. Зонд ныррухс кæны сæрымагъзы талынг къуымтæ, аразы адæймаджы тырнæнтæ æмæ архайд. Хуымæтæджы нæ къæмдзæстыг кæны«æнæсæттонты» раз Нарты сгуыхт Æхсæртæг, зæгъгæ, уыдон дæр куы бавзæрстой Æхсыры цады хъуыдыхуыдуггæнæг тых, уæд сæ зонд куыд нæ фæцудыдта, куыд не сразы сты, фосы бынатмæ сæ чи тардта, уыцы«амон- дыл»?.. Афтæмæй сбæлвырд вæййы фыссæджы домæн адæй- магмæ: нæй фыддзинадæн айдагъ рæстуд цардæй басæттæн, хъæуы йæ ныхмæ удуæлдай, æнауæрдгæ тох. Романы æндæр ахсджиаг хъуыды — туг-стæг зонын, йæ фæрнæйдзаг мидис ирдæй райхæлы Æхсæртæджы фембæлды йæ фаззон фырт- тимæ. Зæххон царды сын сæ райгуырд нæ базыдта, афтæмæй амард. Ныр Æртыккаг дунейы сæмбæлдысты, фæлæ кæрæдзийæн æцæгæлон сты, уымæн æмæ ам нæй хæстæгдзи- над, нæй суанг хи зоныны фæтк дæр. Æрмæст Æхсыры цады кæлæнтæй куы схицæн, уæд сдзырдта фыдæлты туджы хъæлæс, æмæ канд ныййарæг йæ бындары нæ базыдта, фæлæ ма йæ дард байзæддæгты дæр. Бахынцинаг у, Михалы романы«нæрто- ны» номæй айдагъ эпосы гуыппырсартæм кæй нæ дзурынц, фæлæ историон дугты рæстдзинад, рухс цард æмæ адæйма- джы бартыл чи сдзырдта, уыдонмæ се ’ппæтмæ дæр. Тохгæнæг адæмы хъысмæтыл, йæ хæрзæгъдау æмæ намысон æууæлтыл дзургæйæ, автор чиныгкæсæджы хъуыды здахы, царды æнусон æмæ рæстæгмæ, фидар æмæ тæссонд, æцæг æмæ мæнг цы у, уый фæлгъауынмæ. Æртыккаг дуне сæвзæрд Челæхсæртæг æмæ Дзæцъуйы хъæппæрисæй — æхсæнадыл фæлтæрæнтæ кæныны охыл. Фæлæ уый у авторы сфæлдыстадон эксперимент дæр. «Æрхъуыды- гонд уавæрты» иу кæнæ иннæ удгоймаг йæхи куыд дары, уый фæлваргæйæ, Булкъаты Михал мифологон таурæгъкæнынады фæлгæтты хъавы ныры рæстæджы судзагдæр фарстытыл дзу- рынмæ. Амынд темæимæ ирон роман схызт жанрон рæзты ног къæпхæнмæ: мæ зæрды ис зæгъын, антиутопийы фæлтæрддзи-
{ТЙ^^^^ Мамиаты Изетæ над йæхимæ кæй æрбайста. Дызæрдыггаг нæу Михалы Æртык- каг дунейы иумæйаг генетикон бындур Е. Замятины Иугонд Паддзахадимæ (роман«Мах>>), Дж. Оруэллы («1984»), О.Хак- слийы («Диссаджы ног дуне») фидæны«6æллиццаг» æхсæнад- тимæ. Æнгæс ахорæнтæй нывæфтыд цæуы, дзырдæн зæгъæм, Е. Замятины Иугонд Паддзахад, йæ карз æгъдæуттæ æмæ«ма- тематикон гармониимæ». Ам алцыдæр у зонды тæразыл барст æмæ йын ис фидар логикон бындур, алы фантазитæн дзы бы- нат нæй. «Сæрзилæджджын уарзт», сфæлдыстадон уæлтæмæн нымад стьнопилепсийы æнæзынд хуызыл». Ам алчидæр у«æз» нæ, фæлæ«махæй иу»: хъуамæ Рæстæджы ранывæсты Табуй- аг Фæткмæ гæсгæ, амы цæрджытæн сæ хæрд, сæ куыст, сæ тезгъо кæныны афон иу уа, сæ цыды уаг дæр — фæрсæй- фæрстæм, рæнхъгай. Æмбæхсинагæй сæм кæй ницы ис, уымæ гæсгæ цæрынц рухсдзыд, авджын уæтты. Æниу хибарæй дæр аззайынц — интимы розæхуыз талонты рад сæм куы æрхауы, уæд — нымад рæстæгмæ. Иугонд Паддзахады цот кæныны фарст лæууы дыргъдарыны, кæсагдарыны æмæ æндæр ахæм конда- дон куыстыты æмрæнхъ. Ацы æхсæнады нал ис нæмттæ, æрмæст — номыртæ. (Афтæ Æртыккаг Дунейы цæрджытæ дæр Æхсыры цады фæстæ райхъал вæййынц — дæлимонæнгæс — ног нæмттимæ: Хæмыц — Дзоко, Батраз — Дзорс æмæ а.д.). Замятины Иугонд Паддзахад йæ сæргъы лæууæг Хæрзгæнæг хоны зæххон дзæнæт: «Дзæнæты нæ зонынц тæригъæд æмæ уарзт, уым — се ’дæппæтæй чи ссæрибар, ахæм амондджынтæ». Челæхсæртæджы æхсæнады цæрджытæ дæр Æхсыры цады фæрцы ферох кæнынц «ивгъуыды дудаг, абоны рис æмæ суи- наджы хъуыды», баззайынц ма æрмæст æхцон æмæ амонды æвджид. Æнгæс у дыууæ уацмысы дæр Хуры нысаниуæг æмæ «хъысмæт». Цæмæй Иугонд Паддзахады цардæвæрды фидар логикæ ма хала, уый тыххæй йæ арвы бæстастæу рæхыстæй сбастой, йæ тындзгæ цыд æмæ судзгæ тавсæй никæйуал къæмдзæстыг кæндзæн ныр. Аивтой йæ аразгæ хурæй — йæ æрвхуыз æнæбары рухс сыл æмбæрцæй тауы авджын агуыридурты æхсæнты. Замятины Хæрзгæнæджы дæлбартæ цæмæй æнаипп механизмау уой, «æгъ- даухалджытæ» та гармонион удæнцой ссарой, уый сæраппонд цæттæ — æфхæрæн техникæ: «Икс-тынтæй» сæрибар хъуыды судзæн, адæймаджы буар, доны æртахау, тайынгæнæн æмæ а.д. (Абар: Цъистгæнæн, Æнæсæттонты къуым).
МИФ ÆМÆ ÆЦÆГДЗИНАД ФЫССÆДЖЫ АИВАДЫ <^^^{п) Цы æнгæс бынæтты кой скодтам, уыдонæй бирæ ахсджи- агдæр у амынд фысджыты сфæлдыстады«идеалон» æхсæнады принципты иудзинад, æмæ, фыццаджыдæр — адæймаджы æбарвæндæй йæ адæймагон æрдзыхъæдæй иртасыны фæлтæрæнтæ, тыхæй садзгæ амонды æфсæнттæ, ивгъуыд, абон æмæ фидæны æмбастдзинад халын æмæ ноджы — Дун-Ду- нетæ æнæхъæнæй бацахсыны фæндтæ. Ацы ахсджиаг темæ Замятины чиныджы фæзыны йæ хæрз райдайæны, Паддзаха- дон Газетæй цитатæйы, зæгъгæ, æндæр планетæты, адæм«сæри- бары хъæддаг уавæры» кæм сты нырма, уым дæр хъуамæ æрфи- дар кæнæм нæ математикон æнæкъæм амонд! Мыййаг нæ куы нæ бамбарой, уæд нæ хæс у, тыхæй сæ самондджын кæнын. Гъе уыцы нысанимæ арæзт цæуы космосон уæлмашинæ«Ин- теграл». Афтæ Дзæцъуйы цæсты раз дæр æппынæдзух сыс- тынц æнæкæрон æлыг хæтæлтæ — Мæрдты Бæстæм, Уæлион дунемæ арæзтæй, Цадæй сæм æхсыр кæлы, адæм дзы сæхи найынц æмæ Хуыцауы бæсты дæлимонтæн кувынц. Кæд Замятины«Мах»-ы уынæм фидæны технократон пад- дзахады ныв-фæлгонц, Михалмæ та — мифон дуне, уæддæр сæ ныхасы сæр иу у — тоталитарон æхсæнады фæтк æмæ уаг. Æрмæст уырыссаг прозаикы уацмысы ис цауты разуынд, кри- тикæйы йæ рахуыдтой социалон диагностикæйы рагфæлтæрæн (фыст æрцыд 1924 азы), Булкъаты Михал та дзуры, йæхæдæг æвдисæн кæмæн уыд, уыцы рæстæджытыл: социалистон дзæнæты цинæвдылд идиллийыл. Булкъаты Михалы роман хицæн кæны йæ сæйраг ныхмæ- лæуды уæрæх социалон-этикон ранывæстæй. Хурзæрины ссæри- бар кæныны сæраппонд сгуыхтытæ нал ис абарæн, Сослан-иу стæрты, йе йæхицæн ном скæныны охыл кæнæ суанг райгуы- рæн бæстæ тыхгæнджытæй хъахъхъæнгæйæ цы хъæбатыр- дзинад равдыста, уыимæ. Михалы хъайтарты архайд баст у уæлдæр æмæ ахсджиагдæр нысанимæ: иумæйагæй адæмты сæри- бар æмæ амонды сæрыл тохимæ. Царды æрдзон циклтæн тыхми кæнын — уый у æмткæй дунеарæзты ныхмæ цæуæгау, адæймаг æмæ Космосы ’хсæн бастдзинады тæгтæ скъуынæгау. Михалы персонажтæ цыма лæууынц, поэт«æрдзы фæстаг сахат» кæй рахуыдта, уыцы мæнгæфсон арæны раз, чысыл фенкъуыст — æмæ зæххон цардæн йæ кой, йæ хъæр нал уыдзæн...
^П^^^гж^ Мамиаты Изетæ Когда пробьет последний час природы, Состав частей разрушится земных: Все зримое опять покроют воды, И божий лик изобразится в них. (Ф.Тютчев. Последний катаклизм) Челæхсæртæджы фæнды йæ тыхбар уæларвон авторитетæй сфидар кæнын. Йæ бæллиц — Хуры рухс дæр йæ дæлбар куыд уа — кæй тава, йе йæ хъарм узæлдæй æнæхай кæй кæна, уый Челæхсæртæгæй аразгæ куыд уа. Адæм-иу«бæстыл хур атыл- дис»- ы бæсты афтæ куыд зæгъой: «Бæстыл Хур æмæ Челæхсæртæг атылдысты». Ацы абсурдон домæнтæй куы ницы рауайы, уæд та æндæр хъуыды февзæры«усгуры» сæры — хи- вæнды фесафын. Йæ фæнд сæххæст ын къуылымпы кæны æрмæст иу ныв: урс-урсид цъенгæ ихæй бæстæ æмæхгæд куыд сси. «Ау, уыцы сызгъæрин гадзайы мæлæт мæхи мæлæт дæр у? — ферттывта-иу сæры...» Фæлæ Дзæцъу дæр йæ куыст кæны, ардауы йæ, зæгъгæ, амондджын уæвæн ис дæлдзæхы дæр, дæли- монты саудалынг цæрæны. Афтæ, Булкъаты Михалы романы мифты дунейæ сырæзт хид ныры рæстæгмæ. Атомон апокалипсис, экологон бынысæфт нæ дуджы хуымæтæджы цæстылуайæнтæ нал сты, фæлæ æрвылбоны тæссаг æцæгдзинад. Цæсты раз сыстынц фидæн- æвдисæг кинофрагменттæ: тæригъæддаг, цæнкуыл адæм — цагъды уæлдæйттæ — иугæйттæ æмæ къордтæй куырмæджы змæлынц зæххы бын ныккæндты. Кæдæм у дзойтæ кæнгæ сæ фæндаг, цы ма у сæ сомбон?!. Уæдæ Булкъаты Михалы роман «Нарты Сосланы æвдæм балц» йæ мидисмæ гæсгæ хауы, антиутопийы элементтæ кæм ис, ахæм философон романы жанрмæ. Фыссæг йæ хъуыдытæ æвдисы мифоэпикон æрмæджы фæлгæтты. Уымæй æвзæры уацмысы хæдхуыз национ цæсгом. Йæ персонажтæ нывгонд цæуынц дзадж- джын, аив ахорæнтæй, сæ алы фездæхт, къухамынд, буары, цæсгомы змæлд у æнгасджын, бæлвырд, зæрдылдаргæ. Сæ уаг, се ’гъдау, дунембарынад, царды цаутæ, Хурзæрины сæраппонд архайд рæзынц психологизм æмæ хуызджын нывгæнынады домæнтæм гæсгæ. Динамикон сты хæстон эпизодтæ. Хъусæм дзы тохы уынæр, улæфæм топпыхосы хус фæздæг, нæ æмбу- дæнтыл уайы сырхзынг æфсæйнаг æмæ сыгъд буары хуыдуггæнæг смаг. Ирд ахорæнтæй нывæфтыд у«манкурт» — хъайтарты тох сæ ныййарæг Хурзæринимæ, йæ уынгæг уавæр. Поэтикон ме-
МИФ ÆМÆ ÆЦÆГДЗИНАД ФЫССÆДЖЫ АИВАДЫ л^^^^УЬ) тафорæ, фæлгонцтæ, абарстытæ — алцыдæр у ног æмæ ахадгæ. «Аивадон деталы» поэзи — æрдзон æмæ зæрдæмæхъаргæ. Уацмысæн аргъ кæнгæйæ, æнæмæнг зæрдыл дарын хъæуы ацы дыууæ хъуыддаджы: йæ хуызджын предметондзинад æмæ философон хъуыдыйы арф. Евгений Замятины æндæвдад та, мæ зæрдæйæ, æмбарын хъæуы ахæм хуызы: ирон прозаик Булкъаты Михал роман«Мах»-ы авторы къухæй намысы эста- фетæйау исы гуманизмы, уды сæрибары идейæтæ. Цы аивадон дуне снывæста, уым канд фарстытæ не ’вæры, фæлæ нæ алкæмæй дæр домы бæлвырд цæстæнгас æхсæнады ахсджиаг æмæ лыг- гæнинаг фæзындтæм. "Адзалы дзæнгæрæг» ын афтæ раджы куы нæ ныццагътаид, уæд ацы аз Михалыл сæххæст уыдаид 75 азы. Цас хæрзты ма бацыдаид ирон культурæ, ирон дзырдаивадæн!.. Бирæ фæндиæгтæ ахаста йемæ ингæнмæ. С^> 8 Мах дуг № 11, 2003
ЙРВИС70Н ДУНЕЙЫ ДИССÆГТÆ ФАРОСЫ МАЯК Нæ журналы амæйразмæйы но мырты (2002 азы № 10, æмæ ацы азы №№ 1,3,5,7,9) радзырдтам дунейы æхсæз диссаджы тыххæй. Ныр та уын ракæндзыстæм æвдæм диссаджы кой. Уый у Фаросаг маяк. Александр Македойнаг-иу цы бæстæтæ байста, уым аразын кодта сахартæ. Нæ эрæйы агъоммæ 332 азы фæзынди мысыйраг (еги- петаг) Александрия. Ныртæккæйы Александрияйы цæрджыты нымæц 2 милуанæй фæуæлæ-мæ, йæ уынг- ты æмæ сыхты æвæрд дæр бын- тон æндæр у. Рагзаманты та дзы уыди дыууæ наулæууæны. Ден- джызырдыгæй сæ хъахъхъæдта къæдзæхджын сакъадах Фарос. Ам маяк арæзт æрцыди Пто- Фаросы маяк. лемейты рæстæг. Рагон авторты ныхæстæм гæсгæ уый уыди тæккæ стырдæр пирамидæйæ дæр бæрзонддæр. Фæлæ Страбоны рæстæг (царди ног эрæйы агъоммæ 63 азæй ног эрæйы 20 азмæ) маяк иннæ бæстыхæйттæй ницанæбæрæг хицæн кодта — йæ тæккæ бæрзонддæр хай æркалд, æмæ мæсыг бамбæрзтой фæйнæджытæй. Маяктæ тынг раджы райдыдтой аразын. Раздæр-иу ден- джызы бæрзонддæр былтыл æртытæ скодтой, æмæ-иу уыдоны рухс фæндаг амыдта наутæн. Фаросы маяк сарæзтой нæ эрæйы агъоммæ 283 азы. Маяк уыди 180 метры бæрзæндæн, зæгъы Иосиф Флавий. Æндæр историктæм гæсгæ та йæ бæрзæнд уыди
АРВИСТОН ^^^П^: 120 метры. XI æнусы цæрæг Ибн аль-Сайх та æрхаста æндæр нымæцтæ: 130 — 140 метры. Ныртæккæ дунейыл ахæм бæрзонд маяк никуы ис. Зæгъæм, Европæйы тæккæ егъаудæр маяк (горæт Бордойы цур) хæццæ кæны 59 метрмæ. Птолемейтæ Александрияйы маяк куы арæзтой, уæд канд йæ практикон нысантыл нæ хъуыды кодтой — хъуамæ уый суыдаид империйы стыр хъомысы æмæ хъæздыгдзинады сим- вол: ома, Фаросы маяк талынджы куыд рухс кæны, импери дæр иннæ бæстæты ’хсæн афтæ ахады. Маяк арæзт уыди æртæ хайæ. Бинаг хай — стыр галуан цыппар мæсыгимæ (йæ цыппар фисыныл). Галуанæн йæ астæ- уæй — хæрдмæ фæцыд асттигъон мæсыг , йæ бæрзæнд — 70 — 80 метры. Уый куыдуæлæмæ цыди нарæгдæргæнгæ. Мæсы- гыл ма æнцади æндæр, нарæгдæр, мæсыг, йæ сæрыл дурæй конд фæз кæмæн уыд, ахæм. Фæзыл цæлхдымбылæй лæууы- дысты цæджындзтæ — урæдтой конусæнгæс мæсыг, уый цъуп- пыл та уыди денджызты бардуаг Посейдоны статуя, йæ бæрзæнд — 8 метры. Æппæты уæллаг мæсыгыл-иу егъау б’ронзæ къусы бандзæрстой арт. Уымæн айдæнты вазыгджын системæйы æххуыс- тæй йæ рухс хæццæ кодта 100 миляйы онг (I миля — I километр æмæ 850 метры). Бæстыхайæн йæ бынæй йæ сæрмæ — шахтæ, ууылты хæрдмæ цыди лæскæрхуыз фæндаг, стæй асин. Фæндагыл хæрæгуæрдæттæй ластой артаг маяктæн. Маяк уыди фæлгæсæн бынат дæр, æдзухдæр дзы бадти хæстонты стыр къорд. Знаджы наутæ-иу куы ’рбацæйленк код- той, уæд-иу сæ рагацау бафиппайдтой. Бæстыхайы бын — егъау ныккæнд, уым цистернæйы кæддæриддæр дардтой нуазыны дон. Бирæ цагъарты хид æмæ туг ныккалди маяк аразыны рæстæг. Кусджытæн разамынд лæвæрдта номдзыд грекъаг архитектор Книдаг Сострат. Бæстыхай арæзт куы фæци, уæд Сострат дурыл скъахта ахæм фысп «Дексифаны фырт Сострат — нæ хъахъхъæнæг хуыцæуттæн æмæ фурды ленкгæнджыты фарнæн». Ацы фыст Сострат цементæй бамбæрзта æмæ йын йæ уæлæ ныффыста уæды паддзах Птолемей Сотеры ном. Цасдæры фæстæ цемент æд фыст азгъæлд æмæ адæм федтой дурыл къахт дамгъæтæ. Фаросы маяк фæлæууыди 1500 азы. Йæ зынг ахуыссыди IV æнусы зæххæнкъуысты азарæй. Фæстагмæ сакъадах æмæ ма- терик баиу сты, æмæ маяк никæйуал хъуыди. XIV æнусы йæ фехæлдтой æмæ йын йæ бынаты сарæзтой фидар. Дзырд «Фарæтæ» цы у, уый ныртæккæ алчи дæр зоны. Æвзæргæ та ракодта, Фаросы сакъадахыл цы рухсхæссæг маяк уыд, уымæй.
АРВИСТОН 500 АЗÆЙ ФЫЛДÆР КÆУЫЛ ЦÆУЫ, АХÆМ БÆЛÆСТÆ Тулдз «Иван Грозный». 500-аздзыд. Йæ зæнджы зиллакк у 6 метры. Зайы Смоленскы-Мæскуыйы уæлвæзы (фæдзæхст бынат-музей « Коломенское »). ^ Тулда 600 — 700-аздзыд. Йæ зæнджы зиллакк — 10 мет- ры. Зайы Скæсæйнаг Европæйы хуссарварс. Сусхъæд. 800-аздзыд. Зайы Центрон Европæйы. Сыбираг кедр. 800— 850-аздзыд. Зайы Сыбыры. Баобаб. 600 — 1000-аздзыд. Йæ зæнджы зиллакк — 47 метры. Зайы Африкæйы цæгатварс. Дыргъ ма чи дæтты, ахæм тутабæлас. 1000-аздзыд. Зайы Астæуккаг Азийы. Тæгæр. 1100-аздзыд. Зайы Балканы æрдæгсакъадахыл. Тулдз. 1200-аздзыд. Йæ зæнджы зиллакк — 13,4 метры. Зайы Польшæйы дæлвæзы. Заз (тис). 2000-аздзыд. Зайы Хъырымы. Оливæ-маслинæ. 2000-аздзыд. Зайы Балканы æрдæгсакъа- дахыл. 2000 АЗÆЙ ФЫЛДÆР КÆУЫЛ ЦÆУЫ, АХÆМ БÆЛÆСТÆ Секвойя. 2200-аздзыд. Йæ зæнджы зиллакк у 33 метры. Зайы Цæгат Америчы Сабыр океаны былгæрон. Заз (тис). 3000-аздзыд. Йæ зæнджы зиллакк у 18 метры. Зайы Бритайнаг сакъадæхтыл. Ливайнаг кедр. 3000-аздзыд. Йæ зæнджы зиллакк у 11 мет- ры. Гигантон секвойядендрон. 4850-аздзыд. Йæ зæнджы зиллакк у 30 метры. Зайы Цæгат Америчы Сабыр океаны былгæрон. Нæзы. 4900-аздзыд. Зайы Америчы цæгатварс. Кипарис 6000-аздзыд. Йæ зæнджы зиллакк у 48 метры. Кæфхъуындар-бæлас 6000-аздзыд. Йæ зæнджы зиллакк — 33 метры. Зайы Канары сакъадæхтыл. Апойнаг криптомери. 7200-аздзыд. Йæ зæнджы зиллакк — 16 метры. Апоны сакъадæхтæ.
АРВИСТОН ^^^^^ «ПАРТИОН КУЫ НÆ ДÆ...» Уый уыди 1982 азы. Бицъоты Грис ахсæннизæй садис, æмæ йын хъуамæ уæззау операци скодтаиккой Киевы. Операцимæ ма иу бон хъуыд, афтæ амарди СЦКП-йы Генералон секретарь Черненко. Грис уæззау фæлварæны размæ куыннæ хъуамæ тыхстаид] Генсек мæ йæ фæдыл куы акæна, зæгъгæ, йæм суанг ахæм хъуыды дæр фæзынд. Йæ амондæн операци фæрæстмæ, æмæ фæстæдæр Грис йæ хабæрттæ кодта Тотраты Русланæн: — Компартийы лидер мæ фаллаг дунемæ йæ фæстæ куы аласа, уымæй дæр æдас нæ уыдтæн. Уæд ын Руслан афтæ: — Куыд дæ хъуамæ аластаид, партийы уæнг куынæ дæ, уæд? «ХАДЗЫ-МУРАТ ТА ДЫМЫ...» Бицъоты Грисы цыппараздзыд фыртыфырт Таймураз æртху- тæгдонæй æрдæгдымд сигарет фелвæста æмæ йæ, хистæрты фæзмгæйæ, спъæртт кæнинаг уыди, фæлæ йын æй йæ фыды- мад байста æмæ йæм загъд систа: — Дæ дада нæ дымы, дæ дадайæн йе ’фсымæртæ нæ ды- мынц, дæ нанайæн йе ’фсымæртæ нæ дымынц, дæ фыд дæр уæдæ нæ дымы, уæд ды цы ми кæныс? Таймураз æм скаст æмæ æнцад-æнцойæ дзуапп радта: — Хадзы-Мурат та дымы! (Поэт Дзуццаты Хадзы-Муратæй загъта). БÆСТÆЙЫ ÆМБИС - ОЛИГАРХТЫ КЪУХЫ Куысты фæрцы цыдæриддæр сарæзтæуы, уыдонмæ ма æрдзы хъæздыгдзинæдтæ куы бафтауай, уæд се ’ппæт иумæ сты бæстæйы национ исбон. Паддзахадон статистикон комитеты бæрæггæнæнтæм гæсгæ уыцы исбоны аргъ у 340 — 380 трилу- ан доллæры. Уæрæсейы цæрджытæн сæ 85 процентмæ национ исбонæй хауы æрмæст авд проценты. Олигархты (сæ нымæц у 1500 адæймаджы бæрц, ома, Уæрæсейы цæрджытæн сæ 0,00001 процент) къухты та ис бæстæйы исбонæн йе ’мбисæй фылдæр. Америчы Иугонд Штатты та тæккæ хъæздыгдæр бинонты 1 проценты къухы ис национ исбоны 38, 5 проценты. Газет «АиФ», 2003 аз, № 39
(иЬ^^р-^ арвистон КЪУХДАРÆН - КÆСАДЖЫ ГУЫБЫНЫ Иу хуыцаубоны Валентинæ йæ лæгимæ сæхи надтой Доны. Сыл- гоймаг былмæ куы рахызт, æрмæст уæд бафиппайдта, йæ чындз- дзон къухдарæн цыдæр кæй фæци, уый. Стыр маст ын уыд, айгъай. Валентинæйы лæгæн та кæсаг ахсын — йæ уд, йæ дзæцц. Иннæ хуыцаубоны ацыди Донмæ. Цалдæр кæсаджы æрцахста, иу дзы разынди судак. Хæдзары йæ йæхæдæг къæртт кодта. Уалынджы дын мæнæ диссаг: кæсаджы гуыбынæй къухдарæн куы рахауид. «Валюха, кæс-ма!» — райхъуысти лæджы хъæр. Сылгоймаг цинæй куыннæ амардаид, йæ чындздзон къухдарæн куы ауыдта, уæд! АМОНДДЖЫН ИРВÆЗТ Æрæджы Костромайы облæсты Вохомы районы цæрджытæ федтой æнахуыр ныв: халæттæ æмæ цъиæхтæ балæй балæбурд- той, йæ дзæмбыты карк чи фæцæйхаста, ахæм хъæрццыгъа- мæ. Тугдзых маргъы бахъуыд йæ амæддаджы суадзын. Карк æрхауд абанайы сæрыл. Кæд йæхи тынг ныццавта, стæй йæ хъæрццыгъа ныттыдта, уæддæр карк удæгасæй баззади, суанг ма хæдзары сæрæй дæр йæхæдæг æрхызти. куыдз - фæдисон Ацы хабар та Шотландийы æрцыд. Æнусон тархъæды царди 55-аздзыд Роберт Синклер. 1976 азы федта, йæ расыггæнаг фыд ын йæ мады куыд фæнадта, уый æмæ хъæдмæ алыгъд. Уым ссардта, чи никæйуал хъуыд, ахæм фермæ æмæ дзы æрцард. Иуахæмы йæ астмæ хуыдуг кæнын райдыдта, йæ уæлхъус та — цъиуызмæлæг дæр нæй. Лæг тыхтæ-амæлттæй гæххæтты гæбазыл ныцъцъæррæмыхстытæ кодта цыбыр фыстæг, баххуыс мын кæнут, сæфын, зæгъгæ. Нывæрд- та йæ авджы æмæ йæ рудзынгæй раппæрста. Цыппар боны фæстæ Синклермæ хæринаджы мыггагæй ницыуал баззади, фæцис йæ дон дæр. Лæг мæлыны къахыл ныллæууыд, йæ зæрдæ ницæуылуал дард- та. Фæлæ æнæнхъæлæджы йæ хъул сах абадти: хæдзары рæзты фæцæйзгъордта, сыхаг фермæйæ чи ’рбафтыд, ахæм куыдз Бен, авгмæ фæкомкоммæ, йæ дæндæгтæй йыл ныххæцыд æмæ йæ йæ хицаумæ æрбахаста. Уый Синклеры къухфыст базыдта æмæ телефонæй «тагъд æххуысмæ» бадзырдта. Синклер ма тыхтæ-фыдтæй улæфыди, дох- тыртæ афоныл куынæ ’рбацыдаиккой, уæд йæ уд систаид.
АРВИСТОН ^^Л\^: Лæджы рæхджы рафысдзысты рынчындонæй. Бен йæ ирвæ- зынгæнæг у, уый куы базыдта, уæд загъта: хуынимæ, дам, цæу- дзынæн куыдзмæ — стыр стæг, дам, ын бахæсдзынæн. КÆМ ÆМБÆХСЫ ÆФСАРМ? Америкаг ахуыргæндтæ зæгъынц: æфсармы центр ис адæй- магæн йæ ныхы стæджы бакомкоммæ, цæстыты къуырфыты хæдсæрмæ. Ахæм хъуыдымæ ахуыргæндтæ æрцыдысты, йæ сæрымагъзы рæсыд-иу кæмæн ралыг кодтой, уыдонмæ кæсгæйæ: йе ’фсармы центр-иу хъыгдард кæмæн баййæфта, уыдон-иу æнæуаг митæм рахызтысты, сæ интимон царды хабæрттæ-иу дзырдтой биноныгæй, æфсæрмы ницæмæйуал кодтой. Ахæм уавæры, дам, махæй алчи дæр вæййы... фынæйæ: æфсармы центр йæхигъдауæй скусы æмæ нæм фæзыны алыхуы- зон эротикон фантазитæ, æнахъинон фынтæ. ЦÆМÆЙ ИУЗÆРДИОН УАЙ Кæуыл? Дæ бинойнагыл, æндæр кæуыл! Хæдзарон нæл мыстæн йæ «уарзæттæ» бирæ сты. Уыйхыгъд быдираг нæл мыст равзары иунæг «уарзон» æмæ йыл æнувыд вæййы йæ амæлæты бонмæ. Гъемæ америкаг ахуыргæндтæ бав- дæлдысты æмæ быдираг мысты гентæ хæдзароны буармæ ба- хастой. Æмæ куыд æнхъæлут? Хæдзарон «донжуан» йæ бирæ уарзæтты «кæугæ ’мæ ниугæйæ» фæуагъта æмæ бацард иуимæ. Уыцы иуыл йæ зæрдæ никуыуал сивта. Ахуыргæндтæ нымайынц: ахæм мадзалæй рæхджы дзæбæх кæндзысты адæмы дæр. Уый хорз у æви æвзæр? Иунæг Хуыцау йæ зонæг... ГРАФОМАН Галиматья — «чушь, бессмыслица, вздор». Возм., из франц. ^аИшаИаз «нераз- бериха». М. Фасмер. Этимологический словарь русского языка. Галиматъйа ныффыссы графоман æмæ йæ буцæй рахоны роман.
@^^С^ АРВИСТОН Чындзарæзтæй йын рагæпп ласы джиппæй, æмæ та преми сгудзи кæны дзыппæй. Нæу графоманæн уый æгъгъæд! Йæ усмæ бахъæр кæны уæд: «Æри-ма та, æри-ма та фыссæнгæрзтæ, гæххæтт!» Æмæ фыссы, æмæ та — гъæтт! — галиматъйа, галиматъйа, галиматъйа — сæррæтт! Æмæ фыста, æмæ фыста. Æмæ дзы сарæзтой... Къоста. Æцæг Къоста йæ ингæны куыдта. АРДАУÆГ Алы хатт дæр ардауæг фæуæлахиз вæййы. Менандр Ахæм куыдз у цъаммар, Сусæгæй хæцы. Ахæм куыдзы цармы Ис дыууæ куыдзы. Чехойты Сæрæби Алырдæм акæсы, айхъусы ардауæг, азæмбы, асмуды, арттауæг-арауæг. Агуры амæддаг. Алæууы аууоны. Амбæлы. Агъуыдæй агъудæй амоны. Андзары. Ахоры, алайæ амæнты. Арæхсы. Аивæй айхалы амæндтæ. Архайы. Ахъавы, аргъæвы, акъуыры: ай азар асудзы ахсджиаг-аккаджы. ...Ардауæг атæрхъус, адымдта, абырыд, ахъуызыд арыхъмæ, айсæфти ададжы. Афтæмæй амайы, аразы амаддзаг... Ардаугæ-ардауын, ауыстæн, амæлдзæн. Тæккумарты Цæуайнон
АРВИСТОН ^&&^$П) МÆРДТЫБИРÆГЪ ÆМÆ ГИЕНÆ Мæрдтыбирæгь ныл сагьуыди — уæгъуыр. Йæ хъузон та гиенæ-куыдз — дзыгъуыр, йæ хуыккомæй йæ ацардауы: уыст! Æмæ кæны мæрдтыбирæгъ йæ куыег. нæ рæбынтæм фæцалх æмæ сæ дасы, нæ мæрдтæ дæр дзы нал ысты æдас. Цы мадзал и? Куыд ын расидæм хæст? — йæ марг кæны цъыззытт æмæ пъæгъгьæст. Зергут ЗОНДДЖЫН ЛÆГТЫ НЫХÆСТÆ ♦ Йæхæдæг чи цас æлгъагдæр æмæ хынджылæггагдæр у, уый бæрц йе ’взаг налатдæр, чъизидæр вæййы. Ауций Анней Сенекæ ♦ Цъаммартæн бирæ уымæн фентысы, æмæ раст лæгтимæ фæтох кæнынц цъаммартимæ тохгæнæгау, раст лæгтæ та цъам- мартимæ фæтох кæнынц раст лæгтимæ тохгæнæгау. Виссарион Белинский ♦ А дунейыл ис æртæ хуызы цъаммартæ: 1/ æнæхин цъам- мартæ — уыдонмæ афтæ фæкæсы, цыма се ’лгъаг митæ цардæн ахъаз ысты; 2/ йæ цъаммар мийæ чи фæкъæмдзæстыг вæййы, фæлæ йæ уæддæр кæронмæ чи ахæццæ кæны, ахæмтæ; 3/ хуымæтæджы цъаммартæ, ома, сыгъдæгтуг, хæрзмыггаг цъаммартæ. Федор Достоевский Цъаммар лæг худинаг нæ зоны, æлгъаг у, баззайы цъаммарæй. Цъаммар лæг не ’мбары, нæ хаты, кæй кæндзæн иуахæмы марой. Ас- Самарканди ♦ Æлгъаг удæн йæ миниуæг ахæм у: тæккæ уæздандæр, раппæлинагдæр митæ дæр æм чъизи кæсынц. Пьер Буаст ♦ Цъаммар лæг цъаммар митæ куы бакæны, уæд фырцинæй хурмæ фæхуды, мæймæ фæкафы. Турменаг æмбисонд
АРВИСТОН Цъаммарты митæн нæй, мæ хур, кæрон, Уынгæджы сæ стæм, батар ныл нæ бон. Сæ чъизи даутæ мацæмæ дар мур дæр. Сæ хахуыртæм у фидар — цыма дур дæ. Фирдоуси ИРОН ÆМБИСÆНДТÆ ♦ Хæрамзæрдæ лæг — хæлæггæнаг. ♦ Æвзæрæн йæ дзых — йæ уæлæмхасæн. ♦ Уымæн йæ зæрдæйæ марг ысчындæуыдзæн. ♦ Бирæгъæй ма тæрс, фыдлæгæй тæрс. ♦ Искæмæн уæрм чи къахы, уый дзы йæхæдæг хауы. ♦ Æвзæргæнæг æвзæр мардæй мæлы. ♦ Фыдлæг мæлгæйæ зынудисæн кæны. ♦ Уæ, къуыстил-гуыбынтæ æмæ фаджысы рагъыл лæугæ лæгтæ! БÆЛВЫРД, БИНОНЫГ КУЫСТ Æрæджы Хуссар Ирыстоны мыхуы- рæй рацыд зындгонд ахуыр лæг Дзиц- цойты Юрийы наукон фæллой «Нар- ты кадджытæ æмæ «Амираниани». У тынг хъæздыг историон æмæ фольклорон æрмæгæй, фæзминаг бæлвырд æмæ биноныг куыст рауад. Юри у «Мах дуджы» иузæрдион автор æмæ ма йын ноджы стырдæр æмæ ахадгæдæр фæллæйттæ адæмы рæгъмæ хæссын æнтысæд.
АРВИСТОН *ь**ЯЪ «Дæу у, мæн у» сæм нæй.
«мах дуджы» риадыет Къоста. Посты къонвертыл конд ныв. Васо. Гаппо.
«МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ Нарты гуыппырсартæ. Нарты Сослан æмæ Сылгоймаджы сурæт. хъомгæсы фырт.
«МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ Сызгъæрин гал. Æфсургъ.
«МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ 2-^*271 Фæззæджы бæркæдтæ. Амазонкæ.
«МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ Гергиты Валери.
«МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ Дюмезиль. Бало.
• МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ Ирыстоны герб. Лрсен. Посты къонвертыл конд ныв. Эмблемæ.
«МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ Сусæг пыхас хъæрæй нæ чындæуы. Композици.
(Тз^и^ «МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ Охох æмæ мæгуыр*лæджы фырт. Хæрзбон.
133- /о <Л ИРОИ П0Э2ИЙЫ антопоги
- 134- БАРАХЪТЫ ГИНО (1890 -1937) Æнусы æмбис ыл цæудзæн, афтæ Кæсæджы Мыртазаты (ныр горæт Терк) цæргæйæ мæ фыды- фсымæр Хæмзæтæй фыццаг хатт фехъуыстон Барахъ- ты Гинойы кой. Хæмзæт ирон чингуытæ бирæ уарз- та, уæлдайдæр Нарты кадджытæ, аргъæуттæ. Къос- тайы æмдзæвгæтæй иукъорд зыдта æнæ кæсгæйæ. 0, æмæ мын уый дзырдта, ахæм хорз фыссæг, дам,( уыдис, æмæ, йæ хæсты размæ æрцахстой. Æз ын йæ ныхæстыл тынг нæ баууæндыдтæн: хорз фыссæ- джы, зæгъын, цæмæн хъуамæ æрцахстаиккой? Фæстæдæр, 30-æм азты кæй фесæфтой, уыцы фысджыты реабилитаци куы скодтой æмæ сæ чин- гуытæ фæд-фæдыл зынын куы байдыдтой, уæд бам- бæрстон хъуыддаг. 1958 азы Гинойы уацмысты чи- ныг бакастæн æмæ мæ фидарæй бауырныдта, æцæг хорз фыссæг кæй уыд, уый. Мæ зæрдыл ын уæл- дай тынгдæр бадардтон йæ радзырдтæ «Арæбиаты Гуыргъохъ», «Бæстырæсугъд», стæй йæ кадæг « А зджериты Куыцыкк ». Гино райгуырди Салыгæрдæны. Бакасти сæ хъæуы дыууæазон скъолайы, стæй та Æрыдоны се- минары æмæ куыста ахуыргæнæгæй. 1915 азы йæ акодтой æфсадмæ. Хæцыди Турчы фронты. Февралы революцийы фæстæ æрбаздæхт Ирыстонмæ æмæ удуæлдайæ тох кæнын райдыдта большевикты хъуыддагыл, йæ риуы ’мбæрц цыди революцийы æмæ мидхæсты тымыгъты. Советон дуджы куыста бæрнон бынæтты: Алагиры райкомы
- 135- 9^ - - - *~^$ \7]секретарæи, окруджы милицæиы хицауæи, газеттæ^Г\\ Г^ «Кермен» æмæ «Рæстдзинад»-ыредакторæй, Цæгат ^-Л (° Ирыстоны æмæ Ростовы пединститутты ах- °\ уыргæнæгæй, наукон-иртасæг институты директорæй. Барахъты Гинойы дæр басыгъта сырх терроры азар: æрцахстой йæ æмæ иæ амардтой 1937 азы 23-æм октябры. Революцийы иузæрдион гуыппырсар сси революцийы амæддаг. Ахæм у революциты æбуалгъ-æвирхъау миниуæг. Бисмаркы загъдау, революци бацæттæ кæнынц ге- нитæ, царды йæ рауадзынц фанатиктæ, йæ сойтæ та йын смæрзынц бынтон ничитæ. Гинойы курдиат ирддæрæй рабæрæг йæ прозæйы. Йæ поэтикон сфæлдыстадæй йын нæ антологийæн равзæрстам философон æмдзæвгæ «Дон». Фыссæджы уацмысты æххæстдæр æмбырдгæндтæ ра- цыдысты 1975 æмæ 1991 азты чиныгуадзæн «Ир»-ы дон Сагъæсæй иу хатт куы стыхстæн æгæр, Доны ’рдæм рацыдтæн талынг изæр, — Донæн йæ сæрмæ кæсын... Фаллаг кæрæтты *мæ ацы фæрсты Дон дæр ызгъоры... Куыннæ уа мæсты? — Донæй æз хъусын хъæрзын. Зæрдæ нытталынг и, зæрдæ ныссау... Донмæ та рагæй ис ахæм æгъдау: Бонтæ æрвиты фыдæй. Дарддæр мæм саухъæдджын хæхты фæстæ ^° Арвæй куы разыны тар гæбæзтæ. Зæрдæ сæ комы зынæй.
- 136- Сусæг зæрдæниз æрхæцы мæныл,— Рагон фыдæлтæ æрлæууынц зæрдыл... Иу нæ куы бакæны дон... Цардысты фыдæлтæ рагæй дæр ам; Цардæй нæ базыдтой ницы салам,— Донау куыдта сыл сæ бон. Дон мын æрдзуры сæ зæрдæйы маст, Уыдон-иу цардæй кæй ракодтой хъаст, Цардæй кæй уыдысты рыст. Цард сыл æхситгæнгæ афтæ дымдта, Бонæй, æхсæвæй сыл афтæ куыдта, Ницæмæ дардта сæ тыхст. Ног та куы ратыхсын мæтæй æвзæр, Доны был лæугæйæ талынг изæр, — Донмæ æнкъардæй кæсын... Дурты æхсæнты ’мæ дурты сæрты Дон дæр ызгъоры сæ алы фæрсты... Донæй мæм хъуысы хъæрзын... АРБИАТЫ ХÆТÆХЦЫХЪО (1893 - 1937) Арбиаты Сæхмæрзайы фырт Хæтæхцыхъо рай- гуырди, Фæрдыгдон, зæгъгæ, иу чысыл хæххон хъæуы (Куырттаты комы). Каст фæци Æрыдоны семинар. Империалистон хæсты рæстæг æм фæсид- тысты æфсадмæ. Барахъты Гинойау Хæтæхцыхъо дæр хæцыди Турчы фронты. Советон дуджы куыста о\
- 137- (ГГаху! ахуыргæнæгæй Къодахджыны, Дзуарыхъæуы æмæ г^ æндæр рæтты, фæстæдæр та Кæсæг-Балхъары (^ динституты 1937 азы йæ æнаххосæй æрцахстой æмæ иæ амардтой 11-æм октябры. Поэты сфæлдыстадон бынтæ абоны онг хицæн чиныгæй уагъд нæма ’рцыдысты. Иугай æмдзæвгæтæ йын фæзынди 30-æм азты Цæгат Ирыстоны перио- дикон мыхуыры. Йæ архив разынди Байаты Гаппомæ Берлины. Уымы университеты хистæр наукон кусæг Манфред Лоренц сæ бабиноныг кодта, немыцаг æвзагмæ сæ раивта (дзырдæй-дзырдмæ тæлмац) æмæ сыл ныффыста докторы диссертаци. Хæтæхцыхъо- йы къухфыст чиныг ныртæккæ ис Дзæуджыхъæуы Хуыбецты Заремæмæ. Поэты æмдзæвгæтæй 28 рацыди журнал «Мах дуджы» 1991 азы иуæндæсæм номыры æмæ 1993 азы иугонд æвдæм-æстæм номыры, цалдæр та дзы «Рæстдзинад» рауагъта 1991 азы 14 октябры. СУАДОН Уæлхохы, арв кæцæй фæнæры, Уым иу ран уалдзæгæй, сæрдæй, Фæйлаугæ иу суадон æвзæры, Æвзæры урс дзæнхъа хъуырæй. Мæ зæрдæ нуазинаг куы куры Фæсфæллад цуанонæй, мыййаг, Уæд-иу æз абадын йæ цуры Æмæ дзы аназын мæ фаг. Хæрам дæр нал вæййы мæ зæрды, Мæ цард дæр хъæлдзæгдæр вæййы, ^° Æмæ мын сæгуытты хуыздæрты °< Æфсати ралæвар кæны.
- 138- Æхсæв æм дзуæрттæ дæр æртæхынц Нæ хохы рухс кувæндæттæй, Фæстæмæ боныздæм фездæхынц Æхсæвы сауталынг цæстæй. Ды дæр дзы баназ,— кæд дæ цардæй Дæ зæрдæ ма тыхса, зæгъыс, ,Йе кæд фыд-зæрдæйæ, æнкъардæй Æдзухдæр адæммæ кæсыс... АИПП Лæгæн йæхи удæй хуыздæр Йæ аипп никæцы фæзоны. Фæлæ ма афтæмæй уæддæр Йæхи уæлæуæздæр фæхоны. ИСКУЫ Кæд искуы бамбарай чысылгай Дæ хъæу, дæ адæмы, дæ цард, Уæд ма кур амондæй дынджыр хай... ТЫХСТЫ БОН Кæд дæм дæ тыхсты бон нæ уыдтæн, Кæд дæм уæд не ’рцыдтæн, уæддæр Ныр абон дард ранæй æрцыдтæн, Дæ хъыгыл хъыг кæнын æз дæр. Кæд искуы бахауон зын ранмæ, Мæн дæр кæд бахъæуа дæ сæр, Уæд ма ’ркæс ацы тыхст заманмæ, Фæлæ мæм-иу фæзын ды дæр. Мæнæй-иу ма райс ды дæ хæс, кэ Мæнæн-иу мацы кæн фыддæрæн, Фæлæ-иу исты хос хуыздæрæн Мæ тыхстæн искуыцæй æрхæсс.
- 139- Кæннодæ фесæфой æдзардæй, Кæмæ нæй бирæйы æгъдау, Куынæ-иу гуыриккой фæлтау, Æдзух мæ чи сайы мæнгардæй, Нæ рис кæй нæ судзы зынгау. АХÆСТ Куы уаин уæгъдибар мæ дзырдæй, Уæд хъуысид мæ хъарæг бæргæ, Мæ хъару мæм уаид æмбырдæй, Мæ фæндыр кæнид уæд цæгъдгæ. Кæд бирæтæн тухи ’мæ мастæй Сæ зæрдæ мæ хуызæн у тар, Уæддæр сын мæ фæндыры хъазтæй Æрхæссин æз цин æмæ ’хсар. Кæд искуы мæ зæрдыл æрлæууы Æнцойад, сæрибары дуг, Уæд арæхгай донау фæцæуы Уæззау цæдтæй зæхмæ мæ туг. Кæд исчи мæ сæрыл ысдзуры, Кæд базоны уый дæр мæ рис, Уæд иумæ æмгуыппæй лæбуры Æлвæст гæрзтæй махмæ фæдис. Æмзондæй нæ уайтагъд æрцахсынц, Рæстæй-иу сæм хъйамæт кæнæм, Фæйнæрдæм нæ иугай фæласынц, Æмæ-иу фыдбонтæ уынæм. Мах риссæм, мах сæфæм. Нæ бæстæ, Нæ дзыллæ ныл ниуынц, кæуынц. Нæ фыдгултæ иумæ нæ фæстæ Æдгæрзтæ цæттæйæ лæууынц... ^р
Цъары фæрстыл: /. Батрадз Хызы фидар куыд басаста. 3. Сæрд. Æртæ рæсугьды. 4. Натюрморт. * # # Технический редактор Корректор Компьютерный набор Компьютерная верстка Дизайн Виктория БОРАЕВА Заира КАРАЦЕВА Альбина ДАТИЕВА Ирида КОДЗАТИ Залина ГУРИЕВА # # * Срастгæнинаг. «Мах дуджы» ацы азы фарæстæм номыры аирвæзт æнæоары рæдыд. 166-æм фарсыл астæуæй цы æмдзæвгæ ис, уый Рус- сойы фыст нæу, фæлæ Шиллеры, йæ ном та хуыйны «Руссо». Цæвит- тон, æмдзæвгæйы ном æмæ Руссойы мыггаг фæивддзаг сты. Хатыр курæм журналкæсджытæ æмæ тæлмацгæнæгæй. Журнал зарегистрирован в региональном Управлении ГК РФ по печати в РСО-А. Регистрационный номер Ш-0132 Журналы цы æрмæг рацæуа, уымæй æндæр мыхуырон оргæн куы пайда кæна, уæд хъуамæ амынд уа, «Мах дуг»-æй ист кæй у, уый. Журиалмæ цы къухфыстытæ цæуы, уыдон редакци рецензи нæ кæны, стæй сæ автортæн фæстæмæ нæ дæтты. Учредители: Комитет РСО-Алания по печати и делам издательств, Союз писателей РСО-Алания Подписано к печати 19.11.03. Формат издания 60x841/16. Бум. офсет. № 1. Гарнитура шрифта Муг!. Печать офсетная. Усл. п. л. 8,14. Учетно-изд. л. 6,46. Тираж 2000 экз. Заказ № 151. Адрес редакции: 362025, г. Владикавказ, ул. Фрунзе, 24. Телефоны: 53-69-66; 53-31-58; 53-69-62; 53-31-24, 53-65-86. Журнал отпечатан на Республиканском издательско-полиграфическом предприятии им. В. А. Гассиева 362011, г. Владикавказ, ул. Тельмана, 16.