Text
                    8С(0сет)
А79 .
Ирон фысджыты сфæлдыстад абоны онг дæр фаг
ахуыргонд æмæ иртæст нæма у. Сæ фылдæры тых-
хæй æрмæст ирон журналты, газетты æмæ литера-
турæйы хрестоматиты цы цыбыр статьятæ уыд, уы-
дон йедтæмæ ницы бæстон куыстытæ ис, нæма сыл
ис чингуытæ æмæ монографитæ фыст, уæлдайдæр
иронау.
Ацы чиныджы ныхас цæуы æхсæз фыссæджы
сфæлдыстады тыххæй. Иутæн дзы æвдыст цæуынц
сæ биографион цыбыр цаутæ дæр, фæлæ статьяты
сæйрагдæр бынат ахсы фысджыты сфæлдыстад.
Чиныджы ном «Цард æмæ’ поэзи» схуыдтам Къос-
тайы тыххæй фыст статьямæ гæсгæ, фæлæ нæм афтæ
кæсы, æмæ уыцы ном бæрæг кæны чиныджы мидис
æгасæй дæр. Секъа дæр, Нигер дæр, Гино дæр,
Хъамбердиаты Мысост дæр сæ рæстæджы царды
æцæгад аив обрæзты æвдыстой, кæмæн йæ курдиат
куыд уыд, афтæ.
Нæ фысджыты сфæлдыстад бæлвырд æвзæрст
куынæ цæуа, уæд рæзæн нæй нæ литературæйæн,
уæд фыссæн нæй ирон литературæйы историйæн. Æз
афтæ нæ зæгъын, æмæ ам ныхас цы фысджытыл
цæуы, уыдоныл дарддæр фыссын нал хъæуы, ам сæ
иу ехсы æрцъыккæй сæ бынæтты абадын кодтам,
зæгъгæ. Нæ, хъæуы сыл фыссын, се ’сфæлдыстад но-
джы бæстондæр æвзарын, хицæн фарстатыл быцæу
кæнын. Стæй ам кæй кой кæнæм, канд уыдоныл нæ,
фæлæ иннæ фысджытыл дæр.
Кæд ацы чиныг исты феххуыс уа ирон чиныгкæс-
джытæн, уæлдайдæр ирон литературæйы ахуыргæн-
джытæн æмæ скъоладзаутæн, хистæр скъолаты сту-
денттæн, уæд мæ хæс нымайдзынæн æххæстыл.
Автор.
X. Н. АРДАСЕНОВ
жизнь и поэзия
Сборник критических статей
на осетинском языке
Северо-Осе гинское
книжное издательство
Орджоникидзе * 1952


ЦАРД ÆМÆ ПОЭЗИ Къоста!.. Цас æмæ цас хъуыдытæ равзæры ацы но- мимæ адæймаджы сæры!.. Къостайы кой не’скæнгæйæ, нæй дзурæн ирон литературæ æмæ культурæйы тыххæй... Къоста у ирон аив литературæйы сæр, ирон культурæ- йы ахсджиаг мæсыг. Къостайы уацмыстимæ æрфидар æмæ дарддæр рæзыд ирон фыссынад. Тынг зын у, Къоста ирон адæмæн цы у, йæ ахадын куыд егъау у, уый бæстон радзурын. Ирон адæмы исто- рийы Къостайы сфæлдыстад у æнæхъæн къæпхæн, æнæ- хъæн дуг. Къоста цы алыхуызон ахорæнтæ ссардта йæ дуджы ахсджиагдæр цаутæ равдисынæн, цы бæлвырд обрæзты æмæ нывты равдыста фæллойгæнæг адæмы цард, сæ хъизæмар, сæ бæллидтæ, уыдонæн мæлæн нæй, уыдон цæудзысты фæлтæрæй-фæлтæрмæ, цæрдзысты æнусты. Къоста канд поэт æмæ нывгæнæг нæ уыд. Уый уыд уынаффæйы лæг, æмбаргæ политик, æхсæнады цаутæ раст чи ’мбæрста, йæ адæмы раст фæндагыл чи арæзта, ахæм адæймаг. Ирон адæм Уæрæсеимæ кæй баиу, уыцы хъуыддаджы прогрессивон ахадын хорз чи бамбæрста, Къоста уыди уыцы адæймæгты раззагдæртæй иу. Фæлæ Къостайæн Уæрæсе нæ уыд ну ахорæнæй ахуырст. Уырыссаг прогрессивон культурæйæн раст аргъ кæнгæйæ, адæмты ’хсæн хæлардзинад фидар кæнгæйæ, Къоста карз тох кодта царизмы колонизаторон полити- кæйы ныхмæ. Иæ бирæ статьяты æвдыста, паддзахы хи- цæуттæ хæххон фæллойгæнæг адæмы куыд хурхæй мард- той, уый, æмæ æдæрсгæйæ сæ ныхмæ тох кодта. Цæгат Кавказ 80-æм æмæ 90-æм азты цы уавæры уыд, уый Къос- тайы статьятæй бæлвырддæр æвдыст никуы цæуы, — афтæ фыста зындгонд советон фыссæг Мариеттæ Ша- гинян. 3
Йæ революцпои зарджыты æмæ йæ мæстæйдзаг пуб- лицистикон уацмысты тыххæй, паддзахы хицæутты ных- мæ уæндонæй кæй дзырдта, адæммæ тохмæ кæй сидти, уый адыл Къоста дыууæ хатты хаст æрцыд йæ райгуы- рæн бæстæйæ, пъæлицæ йæм æдзух сæ хъус дардтой, кас- тысты йын йæ алы къахдзæфмæ, фæлæ уæддæр уый нæ тарсти, нæ уагъта йæ тох, цалынмæ йæ уæнгты хъару уыд, цалынмæ йæ уæззау низ не ’рбырста æмæ йæ ин- гæнмæ нæ ныппæрста, уæдмæ. Мах нæ дзурдзыстæм Къостайы биографи. Уымæн йе ’нæнцой фыцгæ цард у йæхæдæг æнæхъæн истори, ууыл фыссæн ис стыр чингуытæ. Къостайæн йæ цыбыр царды цы бантыст ирон адæмы кад æмæ намысæн, уый у ахæм сфæлдыстадон скуыхт, ахæм историон хъуыддаг, биогра- фион цауты равдисæн кæмæн нæй. Уымæн бамбарæн ис Къостайы цард хорз сахуыр кæнгæйæ, йе ’сфæлдыстадон æппæт къабæзтæм лæмбынæг æркæсгæйæ, уыдон бæстон равзаргæйæ. Фæлæ ныртæккæ ахæм хæс мæ размæ не ’вæрын. Мæн фæнды Къостайы поэзийыл æрныхас кæ- нын, йæ ахсджиагдæр мотивтыл æмæ миниуджытыл æр- дзурын. I Къостайы сфæлдыстадон куыстæн ис бирæ къабæз- тæ, æмæ уыцы къабæзтæй алчидæр фидар баст у царди- мæ, алчидæр сæ æвдисы царды рæстад. Чи зоны æмæ, нывгæнæг кæй уыд, уый йын йæ поэтикон обрæзтæ бæл- вырддæр æмæ бæстондæр кæнынæн бирæ фæахъаз; поэт кæй уыд, уый та йын нывтæ ирддæр æмæ рæсугъддæр кæнынæн æххуыс кодта. Фæлæ Къостайы талант йæхи равдыста драматургийы æмæ прозæйы дæр, Къоста но- джы уыд номдзыд журналист. Уымæн фæзæгъæм, Къостайы сфæлдыстадон куыст бирæкъабазджын у, зæгъгæ. Иæ алыхуызон сфæлдыста- дон архайдæн аргъ кæнгæйæ, уырыссаг номдзыд фыс- сæг А. Фадеев Къостайы схуыдта ирон адæмы Леонардо да Винчи.1 Кæд рæстæгмæ гæсгæ Къоста дард у Леонар- до да Винчийæ, уæддæр æм йæ бирæкъабузон куысты- тæм гæсгæ хæстæг у. 1 Коста Хетагуров. Сборник памяти великого осетинского поэ- та, Москва, 1941, ф. 4. Леонардо да Винчи (1452—1519) уыд ге- ниалон италиаг нывгæнæг æмæ ахуыргонд, инженер æмæ поэт. 4
Цæмæй уыцы иу рæстæг уай поэт æмæ публнцист, нывгæнæг, ахуыргонд æмæ æхсæнадон кусæг, револю* ционер, уый тыххæй хъæуы стыр хъару æмæ курдиат, адæмы уарзынæн сыгъдæг æмæ æхсидгæ зæрдæ. Ахæм зæрдæ æмæ хъару уыд Къостамæ, йе ’сфæлдыстадон фæндагыл куы æрлæууыд, уæд. Цы хæстæ æвæрдта Къоста поэты размæ, цы дзы домдта? Цавæр эстетикон цæстæнгасыл хæст уыд? Къоста эстетикæйы фарстаты тыххæй сæрмагонд уацмыстæ нæ ныффыста, фæлæ аивадмæ цы цæстæй кас- ти, уый бæрæг у йе ’мдзæвгæтæй, йæ иуæй-иу статьятæй æмæ писмотæй. Аивадæн аргъ кæнгæйæ, Къоста хæцыд материалистон философийы принциптыл. Къостайæн поэзи хъазæнхъул, удрæвдауæн нæ уыд. «Æз æнæмæтæй нæ хъазын æмдзæвгæтæй», — фыста Къоста, «Музæмæ», зæгъгæ, йæ уырыссаг æмдзæвгæтæй иуы. Уый поэзи нымадта хæцæнгарзыл, адæймаджы хъо- мыл кæныны æмæ æхсæнады цард аивыны фæрæзыл. Литературæ æмæ аивадæн Къоста аргъ кодта уырыс- саг революцион демократты позицитæй. Уыдон та дзырд- той, аивад хъуамæ уа адæмы, аивады хъуамæ уа стыр идейæтæ, уымæн хъуамæ уа æхсæнадон ахадындзинад, аивадæн хицæн кæнæн нæй адæмы хъысмæтæй, зæгъгæ. Некрасов йæ поэзийы хуыдта «мастисыны æмæ æн- къарддзинады музæ», Чернышевский æмæ Добролюбов литературæйы хуыдтой адæмы сæраппонд, адæмы фар- нæн службæгæнæг. Къоста нудæсæм æнусы 80-æм азты бæрзонд хаста аивады идейондзинады тырыса. Ирон аив литературæ- йæн бындур æвæргæйæ, уый тох кодта буржуазон либе- ралты ныхмæ, стыр аргъ кодта аивады идейондзинадæн, адæмæн уарзын кодта аив литературæ. «Æз мæ дзыр- дæй базар никуы кодтон, — фыста Къоста йæ иу писмо- йы, — мæ рыст зæрдæйы бауромын цы хъуыды нал фæ- фæразын... æз æрмæст уый тыххæй фæфыссын»... Къостайы эстетикон домæнтæ куыд бæрзонд уыдысты, уый бæрæг у, Байаты Гаппойы æмдзæвгæты тыххæй цы фыста, уымæй дæр. Иæ иу писмойы Къоста фыста: ахæм дзæнгæда адæмы ’хсæн хæлиу кæныны бæсты, фæлтау Ирыстоны 100 азы дæргъы дæр мыхуыры мацы-ма ра- цæуæд. Къостайы эстетикон цæстæнгас рабæрæг кæнынæн, аивадæн цы аргъ кодта, уый бамбарынæн ахсджиагсты, 5
уырыссаг фысджыты æмæ аивады кусджыты мысынæн цы уацмыстæ ныффыста, уыдон. Уырыссаг номдзыд поэт- ты сфæлдыстады Къоста уыдта æнæмæлгæ идейæтæ, рæстдзинад æмæ рухсдзинад чи хæссы, ахæм стыр тых. А. С. Грибоедовы схуыдта «диссаджы гени», «стыр хъуыддæгтæ сфæлдисæг». Лермонтовы хуыдта сæрибары фидиуæг, рухс цардмæ фæндаг амонæг, хæрзгæнæг æмæ хæларзæрдæ æмбæлццон. Иæ райгуырæн бæстæйы фæси- вæдмæ дзургæйæ, поэт фыста: Ды уый фæрцы тох кæнын сахуыр уыдзынæ Стыр æмæ фарны хъуыддагыл. Алыхуызон декаденттæ, «аивад аивады тыххæй» у, зæгъгæ, ахæм теорийыл хæст чи уыд, уыдон уырыссаг номдзыд фысджыты сфæлдыстады агуырдтой æрмæст адджын мыртæ æмæ рæсугъд нывтæ. К/ьоста та, уырыс- саг революцион демократты традицитыл хæцгæйæ, бæр- зонд æвæрдта идейондзинад, æнæхъуаджы рæсугъд дзырдтæ йæм ницы кастысты. «Островскийы ном мысынæн», зæгъгæ, уыцы æмдзæв- гæйы Къоста сиды фæсивæдмæ, цæмæй йыл кæугæ ма кæной, фæлæ йын йæ идейæтæй с’æхи сифтонг кæной. Поэтæй цы домдта, цы хæстæ йын æвæрдта йæ раз- мæ, уый бæрæг у Къостайæн йæ иуæй-иу æмдзæвгæтæй дæр. йæ фыццаг уырыссаг æмдзæвгæты чиныджы рай- дайæны ис æмдзæвгæ «Æз поэт нæ дæн». Уым ныхас цæуы поэты миниуджыты, поэты хæсты тыххæй. Æцæг поэт хъуамæ зона адæмы маст, адæмы хъыг. Адæмы рис чи нæ бавзара, тох чи нæ кæна, уымæн искæуыл йæ зæр- дæ нæ рисдзæн, уый никæй уарздзæн — афтæ сты Къос- тайы хъуыдытæ. " Адæмы сæрыл чи тох кæны, ахæстæттæй æмæ ауын- дзæнтæй чи нæ тæрсы, тыхдзинады ныхмæ йæ риу чи да- ры, ахæм поэты обрæз Къоста сарæзта «Æз пахуымпар нæ дæн», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæйы. Ахæм идейæ ис «Ирон фæндыр» цы æмдзæвгæйæ бай- гом «Ныстуан», зæгъгæ, уым дæр. Поэт дзуры, адæмæй йыл цы стыр хæстæ æвæрд ис, уыдоныл. Кæд йæ зарын кæуынау хъуысы, уæд уый уымæн у, æмæ дзыллæйæ йæ- химæ цы стыр хæс райста, уый нæма бафыста: Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин, Куы бафидин искуы мæ хæс, 6
Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин, Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс... Поэт йæхи цардыл нæ хъыг кæны, йæ сагъæс йæхи тыххæй нæу. Иæ хъыг æмæ йæ масты сæр сты адæм, мæгуыр æфхæрд дзыллæ, кæй сæраппонд тох кæны, йæ зарджытæ кæуыл кæны, уыдон. Поэт æмæ адæм — ацы проблемæ Къостайы поэзийы ахсы стыр бынат. «Æз пахуымпар нæ дæн», зæгъгæ, уы- цы æмдзæвгæйы дæр мах уынæм хъæбатыр, тохгæнæг поэты обрæз. Къостайы поэт зынтæй æмæ хахуыры ны- хæстæй нæ тæрсы, нæ йæ тæрсын кæнынц ахæстон æмæ хъадаманты азæлд. Уый тыхдзинады ныхмæ йæ риу да- ры, никæмæй тæрсы, æппæтæн дæр уæндонæй дзуры царды рæстад. «Æз пахуымпар нæ дæн», зæгъгæ, уым цы поэты фæл- гонц скодта, ууыл куы ахъуыды кæнай, хорз ын куы сба- рай йе ’ппæт миниуджытæ, уæд цæстытыл ауайы Къоста. Къоста йæхæдæг уыд ахæм хъæбатыр, ныфсхаст æмæ бæрзонд идеалты поэт. Къоста йæ уацмысты цы поэты обрæз сфæлындыд- та, уый у йæ адæмимæ, йæ райгуырæн бæстæимæ æнгом баст. Адæмæн хи нывонд кæнын, адæмы сæраппонд тох кæнын — уыцы мотив Æрфæны фæдау бæрæг дары Къос- тайы поэзийы. «Ма дæ бауырнæд, æз нæ райгуырæн хæх- ты ферох кодтон», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæйы поэт æв- дисы йæ арф уарзондзинад йæ хъæубæстæм æмæ йæ мæ- гуыр адæммæ. Йæ уарзон мæгуыр адæмы зæрдæ поэт равзæрста йæ хуымы хайæн. Чи йын нæ хъуыды кæны йæ «Ныфсы» ныхæстæ: Мæ гутон, мæ галтæ — Мæ фæндыр, мæ зонд; Мæ кадæг, мæ зарæг — Мæ цард хоры конд. Нæ дзыллæйы зæрдæ — Мæ хуымгæнды хай; Нæ бæсты сагъæстæ Мæ фæззыгон най... Йæ хъысмæт йæ адæмы хъысмæтимæ æнгом бабæт- гæйæ, Къоста бавнæлдта, йæ адæмы раз йæхимæ цы хæс райста, уый бафидынмæ, йæ дзыллæйы хъуыдытæ æмæ сагъæстæ равдисынмæ. 7
II Къоста иронау цы уацмыстæ ныффыста, уыдонæн æр~ хъуыды кодта диссаджы дзæбæх ном—«Ирон фæндыр». йæ уацмыстæ уыцы номимæ фыццаг хатт мыхуыры ра- цыдысты 1899 азы. Уæдæй фæстæмæ «Ирон фæндыр» ссис ирон адæмы тæккæ уарзондæр æмæ ахсджиагдæр чиныг. Къоста йæ уацмысты равдыста хæххон мæгуыр адæ- мы царды æцæгад, адæмы бæллицтæ æмæ хъуыдытæ, хæххон æвадат æрдзы тызмæг нывтæ; сарæзта диссаджы цардæгас обрæзтæ. Æрмæст сæ иунæг хатт чи бакæса, уымæй дæр никуыуал ферох уыдзысты хæххон мæгуыр царды нывтæ: æфцæгæй коммæ уад куыд фæдзыназы, их доныл йæ хид куыд саразы, лæджы ’мбæрц мит куыд æруары. Иæ хъусты азæлдысты сидзæргæс усы хъарæг, сæрибаруарзаг æмæ цардбæллон Хъуыбадыйы зарджы- тæ, мæгуыр æххуырсты, куысты фæллад чи нæ зоны, уы- цы æрыгон æнæном иунæджы сагъæстæ. Æркæсæм ма «Сидзæргæс»-мæ, ам нæй адæймаг кæ- уыл фæдызæрдыг уа, ахæм нывтæ, ахæм цаутæ, æппæт дæр дзы æвдыст цæуы раст. Бинонты дарæг, мæгуыр хæххон лæг, зæйы бын фæци... мад йæ фондз сидзæримæ баззад. Сидзæргæсы бон ницы у хæхты тызмæг уавæр- ты, ницы фæрæз æм ис. Фондз æххормаг, æнахъом саби- йы сæ мадæй домынц хæринаг, фæлæ сын цы кæна, куы ницы йæм ис, уæд? Цы сын бахæрын кæна? Æмæ мад хуыздæр хосæн æрхъуыды кодта йæ сидзæр хъæбулты фæсайын, цæмæй сыл, æхсæвæр сфыцынмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, хуыссæг фæтых уа, æмæ бафынæй уой. Мад куыд æнхъæлдта, сабитæ æцæг афтæ бафынæйтæ сты. Фæлæ уымæй мады зæрдæйы рыст нæ фæкъаддæр. Ба- норстытæ сæ кодта алы бызгъуырты æмæ сæ лыстæны æрæвæрдта: Скодта сæ рæбынæй, Дæлфæдтæм æрбадт... Гъæй-дæ-гъа! Кæуынæй Нал æфсæст сæ мад!.. Сидзæртæн хъæдуртæ Се ’хсæвæр хуыдта, Афтæмæй сын дуртæ Цуайнаджы фыхта; 8
Ахæм æбуалгъ трагедион уавæр раргом вæййы фæс- тагмæ. Ацы æмдзæвгæйы алы ныв дæр цæстытыл уайы. Поэт фыццаг æвдисы æрдзы, тынг уазал кæй у, уый («халон баргъæвст сындзыл, уад тымыгъ хæссы»), стæй та, æмт- гæй райсгæйæ, хъæуы æнкъард ныв («сау айнæджы рын- дзыл Нары хъæу хуыссы»), Уый фæстæ нæ поэт бакæ- сын кæны, хъæугæрон рухс кæцæй цыд, уыцы зæронд скъæтмæ. Нæ цæстытыл ауайынц саударæг ус цуайна- джы уæлхъус куыд архайы, митæйдзаг æхсæлы фæздæ- гæй куыд мары, мады цæстысыг агмæ сусæгæй куыд æз- гъæлыг уыцы æнкъард нывтæ. Æрмæст ацы иунæг уацмысмæ гæсгæ дæр Къостайæн æрæвæрæн ис дунейы стыр поэтты æмрæнхъ. Ам алы дзырд дæр, алы ныв дæр зæрдæ агайы. Зын у, тынг зын у сидзæргæсы трагедимæ кæсын. Цы ми кæндзæн уый дарддæр, цы фæуыдзысты йæ ахсджиаг хъæбултæ, кæд- мæ сæ сайдзæн? «Стонг æмгъуыд нæ зоны, — иу сайд ын æгъгъæд» — зæгъгæ, ахæм ныхæстæй куы фæци æмдзæв- гæ, уæд? Ахæм фæрстытæ февзæрынц чиныгкæсæджы зæрдæйы æмæ йæ æнцой нал фæуадзынц. «Сидзæргæс» у Къостайы дуджы æцæгдзинад æвди- сæг уацмыс, сау мылазон царды поэзи. Ахæм нывтæн, ахæм цаутæн хъæлдзæгæй фыссæн нæ уыд. Ахæм æбуалгъ царды цаутæ æвдисгæйæ-иу райхъуыст поэты кæуын хъæлæс. Хæххон сылгоймаджы хъысмæтыл Къоста канд «Си- дзæргæсы» нæ дзуры. Хæххон сылгоймаджы хъысмæтыл Къоста дзуры бирæ уацмысты, уый у йæ поэзийы ахс- джиагдæр темæтæй иу. Адæймаджы зæрдæ агайы «Ма мæ фæрс, нæ мæ бам- бардзынæ, мæ хъæбул», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæ. Ам поэт æвдисы нудæсаздзыдæй йæ саби-чызгимæ идæдзæй чи баззад æмæ фæхæцæг кæуыл нæ уыд, ахæм сылгой- маджы обрæз. «Хæххон чызджы марды уæлхъус», зæгъ- гæ, уыцы æмдзæвгæйы поэт хъарæггæнæгау, йæ цæсты- сыгтæ тыххæй уромгæйæ, дзуры: «Кæугæ йыл ма кæнут, кæд æрыгон уыд, уæддæр царды тухи æмæ фыдæбон йедтæмæ ницы федтаид». Куыд зонæм, афтæмæй Къоста баззад дзидзийыл, йæ сабийы бонты мады рæвдыд нæ федта. Уыцы хъуыддаг стырæй дæр нæ рох кодта поэтæй. Мады мысын сси Къостайы лирикон поэзийы уарзон мотив: 9
Тæхудиаг, буц хъæбулæй йæ уалдзæджы царды хурæй Чи бафсæст йæ мады хъæбысы! — Фыссы поэт «Тæхуды», зæгъгæ, йе ’мдзæвгæйы. «Нæ, дæу мын ничи раивдзæн, мæ зынаргъ, мæ ный- йарæг мад» зæгъы поэт йæ уырыссаг лирикон æмдзæв- гæтæй иуы. «Чи.дæ?» сæрмагонд сылгоймаджы хъысмæты тых- хæй фыст нæу. Уый у, æмтгæй зæгъгæйæ, хæххон царды энциклопеди. Иæ герой—«иунæг»—дзуры йæ царды ха- бæрттæ, йæ зарды цин, йæ бæллицтæ, йæ мæстытæ æмæ йæ мæгуыры сагъæстæ. Поэмæйы сæйрагдæр у иунæджы обрæз. Фæлæ уым дæр ис сылгоймаджы обрæзтæ, сыл- гоймаджы сурæттæ. Адæймаджы цæстытыл ауайынц э$в- гъæды æвæгæсæгæй чи амард, уыцы æрыгон мады сурæт, поэмæйы æнæном геройы чи барæвдыдта, йæ дзидзи йын йæ дзыхæй чи нæ ласта, уыцы хæларзæрдæ сылгойма- джы, обрæз, фыд-зæрдæ фыды-усы обрæз— Йæ рард дæр ысхуыстæй, Йæ рæвдыд дæр — над, йæ «цума» рæхуыстæй, — Гъе, уый, дам, дын — мад! — зæгъгæ, кæмæй зæгъы, уый обрæз. «Чи дæ?»-йы сылгоймæгты обрæзтæй бæстондæр æв- дыст цæуы поэмæйы сæйраг герой--иунæджы уарзон чызг. Йæ бонæй уа, уастæн, Дæргъæрфыг рæсугъд! — Кæм лæууы йæ хъазтæн Лæппуйы тæппуд! Ахæм аив ахорæнтæй фæлынды поэт чызджы сурæт. Уый канд «дæргъæрфыг рæсугъд» нæу, æвдыст цæуы йæ судзгæ зæрдæ. Кæд хæдæфсарм æмæ æгъдауджын у, уæддæр зоны йæ уарзондзинад равдисын, «хъуызгæ мид- былты бахудын», бахъуаджы сахат — йæ фæндон æрго- мæй зæгъын. Поэт æвдисы, чызг лæппуйы зæрдæ куыд агайдта, йæ сæр ын куыд зилын кодта, йæ риуы йын уар- зондзинады арт куыд ссыгъта, уый. Уыцы хъуыддаг æр- гом кæны лæппуйы ныхасæй: 10
Цæмæн-иу мæм касти Мæ сæфт хуры хай? Цæмæн-иу фæраст и Мæ рæзты чызгай? Цæмæн-иу мæм бахудт Хъуызгæ мидбылты? Поэмæйы фаг æвдыст цæуынц социалон ахастдзинæд- тæ, архайджыты социалон цæсгом. Чызгæн йæ фыд уы- ди хъæздыг, фосджын. Иæ характер — гуымиры, хæдза- ры сдзырды бар никæйы уадзы. Мæгуыртæм цы цæстæй кæсы, уый поэт бæрæг кæны дыууæ рæнхъæй. Уыдон сты: Мæгуыр лæгмæ — схъæлдзырд, Æнæбарвæссон; Фыд йæ чызджы нæ дæтты, чызг йæхæдæг кæй уарзы, уымæн, æвæццæгæн, мæгуыр кæй у, æххуырсты йæм кæй кусы, уый тыххæй. Чызг та уый уарзы æмæ æндæрмæ нæ мой кæны, йæ фыдмæ фæкъæйных — «йæ дзыккутæ тоны, æргæвды йæхи». Ирон æгъдæуттæм гæсгæ чызгæн не ’мбæ- лы лæппумæ минæвар æрвитын. Фæлæ Къостайы лири- кон герой уыцы æгъдæуттæй бæрзонддæр схызт, уый йæ уарзонмæ æрвыста минæвæрттæ: «Цы фæдæ, кæм дæ? Мæлынмæ мæ ма ратт, Фæзын, кæд лæг дæ!» — зæгъгæ. Ацы хъуыддаджы дæр Къоста йæхи равдыста царды раззагдæр æгъдæуттыл хæцæг адæймагæй. йæ гуымиры фыды ныхасы ныхмæ чи сдзырдта, йæ зæрдæйы фæндон, йæ уарзондзинад афтæ æргом чи дзырдта, ахæм чызджы обрæз фыццаг хатт фæзынди ирон литературæйы. Фæс- тæдæр уыцы проблемæ, ахæм чызджы обрæз фæзынд æндæр хуызты, æндæр уавæрты — Гæдиаты Секъамæ («Садуллæ æмæ Манидзæ» æмæ æнд.), Гуырджыбеты Бласкамæ («Сахи рæсугъд»), Брытъиаты Елбыздыхъо- мæ (драмæ «Дыууæ хойы») æмæ æндæр фысджытæм. Сидзæргæсы обрæзыл дзургæйæ, нæ ныхас тынгдæр ацайдагъ сылгоймаджы цардыл. Къостайы уацмысты уыцы проблемæ ахсы стыр бынат, уый у сæрмагонд æр- касты аккаг. Фæлæ ныртæккæ ууыл нæ дзурдзыстæм. Хæххон сылгоймаджы проблематикæ у æппæт хæххон адæмы проблематикæйы иу хай. Æмæ Къоста дæр уыцы П
проблематикæ никуы хицæн кæны адæмы хъысмæтæй, æрмæст йæ иуæй-иу уацмысты уый ахсы сæйраг бынат (зæгъæм «Фатимæ»-йы, «Сидзæргæс»-ы), иннæты та ах- сы дыккаг бынат. Раздæр куыд загътам, афтæ «Чи дæ»-йы ахсджиагдæр у иунæджы обрæз. Уацмысы геройтæн нæмттæ нæй. Æр- мæст базонæн ис, сæйраг герой—иунæг—Хæмæты фырт кæй у. Фæлæ уыцы хъуыддаг уацмысы идейон-эстетикон тых дæлдæр нæ кæны. Æнæуи дæр адæймаджы цæсты- тыл ауайы иунæджы цард, иунæджы хъысмæт йæ рай- гуырынæй фæстæмæ, усгур лæппу куы ссис, суанг уæды онг. Къостайы таланты хицæн миниуджытæй иу уый у, æмæ йын æнтысти хæрз цыбыр ныхæстæй стыр хъуыды- тæ, стыр цаутæ равдисын. Иæ герой иунæджы сурæт поэт равдыста цалдæр цыбыр рæнхъы: Мæ хæдон — четæнæй, Мæ куырæт — кæттаг, Мæ цухъхъа — цъæх тынæй — Нæхи хохбæстаг. Нымæтхуд, æрчъитæ, Мæ ронбаст — уæрдæх... Афтæ къахæй-къухмæ сфæлыста поэт йæ геройы су- рæт. Дарддæр ын йæ царды фæндаг æвдисгæйæ, раргом кодта йæ зæрдæйыуаг, йæ бæллицтæ. Ацы уацмысæн дæр К/ьостайæн йе ’ннæ уацмысты хуызæн сæрибар уарзыиы мотив у йæ бындур, йæ ахс- джиагдæр хъуыды. Зæрдæ хивæнд у, зæрдæ сæрибар уарзы, уый ницы тæрсын кæны, ницы йæ уромы, йæ бæллицтæ дæрдтыл хæтынц: Бон хурмæ нывæнды Рæсугъд хуры тын, Æхсæв æй æрфæнды Мæимæ хæтын. Кæцæй йæм фæсиды Сæрибары дуг? Цæмæн дзы æхсиды Цæджджинагау туг? Сæрибаруарзаг, тыхджын æмæ цардбæллон зæрдæ у поэты символикон идеал, йæ эстетикон бæллиц. Ахæм зæрдæ ис йæ геройæн. 12
Уацмысы парахатæй æвдыст цæуынц райгуырæн бæс- ты пейзаж, хæххон нывтæ. Лирикон фездæхтыты поэт «ахизы» йæ темæйæ, равдисы æрдзы нывтæ. Фæлæ уыдон дæр æргом баст вæййынц уацмысы сæйраг идейæимæ — хæххон цард, адæймаджы хъысмæт бæлвырддæр равди- сыны хъуыддагыл. Куыд рæсугъд æмæ куыд бæлвырд сты мæнæ ацы рæнхъытæ: Нæ зымæг ингæн у, — Йæ зæйтæ — нæ мæт; Нæ фæззæг куыстæн у, Нæ уалдзæг — дзæнæт. Æмæ дарддæр, ацы рæнхъыты хæдфæстæ, поэт рæ- сугъд равдыста хæххон уалдзæджы миниуджытæ: . Хур арæхдæр тавы, Ысулæфыд зæхх, Сæгъ хъæмпæй нæ давы, — Нæ хуссæрттæ цъæх. Фæмил вæййынц хæхтæ, Фæбур вæййы дон, Æртæхынц нæм мæргътæ, Фæтынг вæййы бон. Фæзыны гæлæбу... Зынг фесты зæрдæ... Æмæ та ацы дзырдты фæдыл уацмысы сæйраг арха- йæг, иунæгимæ рахызтыстæм сюжеты фæндагмæ... Уар- зон лæппу æмæ чызджы фыдбылыз — ирæдмæ. Поэт пайда кæны хъæрон æмæ фарстон хъуыдыйæд- тæй æмæ уыдон кæнынц уацмысы ноджы аивдæр, зæр- дæмæдзæугæдæр, райгæдæр: Йæ бонæй уа уастæн, Дæргъæрфыг рæсугъд! — Кæм лæууы йæ хъазтæн Лæппуйы тæппуд! Куыд уыди йæ фыццаг? Куыд разылд мæ сæр? Куыд уыдзæн йæ фæстаг? — Нæ зонын ныр дæр... Ахæм аивадон алыхуызон мадзæлттæ Къостайы поэ- зи кæнынц рæсугъддæр æмæ æнцондæр æмбарæн. Мах загътам, Къоста йæ поэзийы царды æцæгад æв- • дисы, зæгъгæ. Æмæ уый раст у. Уыцы æцæгад та уыд мæ- 13
гуыр æмæ тыхст цард. Æмæ уыцы мæгуыр æмæ тыхст цард уыдысты Къостайы поэзийы мидис. Фæлæ Къоста- йы поэзимæ иу миниуæг ис. Хæххон мæгуыр царды ныв- тæ чиныгкæсæджы зæрдæ иæ лæмæгъ кæнынц, йæ ныфс ын нæ сæттынц. Къостайы поэзи у цардбæллон, ныфсдæттæг поэзи. Къостайы уацмысты архайджытæ, йæ лирикон геройтæ кæд зындзинæдтæ æвзарынц, кæд сæ æгъатырæй æфхæрынц æлдæрттæ æмæ хъæздгуытæ, хæд- хæцзег паддзахы чиновниктæ, уæддæр уыдон зæрдæсаст ие ’сты, нæ фæллайынц -сæ зынцард æмæ куыстæй, сæ каст у размæ, рухсдæр фидæнмæ. Мæнæ Хъуыбадыйы сурæт: Бæгънæг, бæгъæввад, Ыстонг уысмæн над Хуыцауы рæстæй! Цъыфæй ныррæсыд, — Хæфсытæ уасыд Иæ къахы скъуыдтæй... Хъуыбады нæ федта мады рæвдыд, йæ цардуалдзæ- джы йæ ничи ауызта йæ хъарм хъæбысы. Фæлæ йын уы- цы мæгуырдзинад æмæ зынтæ нæ асастой йæ ныфс. Цы- фæнды зын сахæтты дæр уь!ш йæ зард нæ уадзы. Цæуыл зары Хъуыбады? Цы у йæ социалон-эстети- кон идеал? Ацы фарстæн æргом дзуапп ис уацмысæн йæхи мидæг. Поэт зæгъы: Цæргæсы бæллын, Уæларвы нæрын, Дымгæйы хъарæг, Цæф сæгуыты маст, Æхсæрдзæны хъазт — Фиййауы зарæг... Фæскъæвда хурбон, Уымæл ривæддон, Рæсугъд хизæнтæ, Æфсæст фосы дзуг, Сæрибары дуг — Фиййауы сæнттæ. Ацы рæнхъытæ æвдисынц Къостайы поэзийы стыр идейон тых. Хъуыбады кæд мæгуыр æмæ æфхæрд у, уæд- дæр йæ хъуыдытæ, йæ сæнттæ сты базырджын, уыдон хæццæ кæнынц цæргæсы тæхæн тыгъдæдтæм. Уæларвы нæрын æмæ æхсæрдзæны хъазт сты йæ зарæг. Сæрибары дуг у йæ бæллиц. 11
Ахæм революцион романтикон ахорæнтæй ахуырст сты Хъуыбадыйы бæллицтæ. Зынтæй чи нæ фæлмæцы, ахæм сæрибаруарзаг фиййауы обрæз у Къостайы идейон- эстетикон идеал. Хъуыбады канд хицæн адæймаджы об- рæз нæу, Хъуыбадыйы обрæз символикон хуызы æвдисы æмтгæй ирон адæмы фыдыбæсты обрæз. Цардбæллон мотивтæ Къостайы поэзийы ахсынц стыр бынат. «Мæгуыры зæрдæ», зæгъгæ, æмдзæвгæйы лирикон гсрой ис тынг зын уавæры: Нæй кад мæгуыр лæгæн йæ куыстæн, — Иæ сихор, йе ’хсæвæр — йæ мæт; Йæ уат — ыскъæт, зыгуым — йæ лыстæн, Хъæбæр — йæ цъæх хуыссæн нымæт... Фæлæ уыцы мæгуыр лæг: Кæд рухс нæ баййафы йæ цардæй, Йæ бон кæд арвиты зынтæй, Уæддæр нæ ныххуыссы æнкъардæй, — Йæ зæрдæ хъал вæййы фынтæй. Къостайы мæгуырæн йæ «фынтæ» сты йæ хъуыдытæ, йæ сæнттæ сомбоны рухсдæр царды фæдыл. Къоста цы фыссы, цы æрмæг æвдисы йæ уацмысты, уыдонмæ куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсы. Алы эпитеты дæр, алы абарæн дзырды дæр зыны поэты цæстæнгас, поэты зæрдыуаг. Къоста сидзæргæсы удхар цард æвдыс- та, ахæм цард цæмæй мауал уа, уый тыххæй. Къостайы фæндыди фæллойгæнæг адæмы цард фæхуыздæр кæнын æмæ йе ’ппæт тыхтæ дæр уымæ арæзта. Адæмы зын цар- ды нывтæ æвдисгæйæ, поэт сидтис фæллойгæнæг адæм- мæ æхсæнады социалон бындур аивынмæ. Фæллойгæнæг адæмы бартæ хъахъхъæныны æмæ пад- дзахы администрацийы ныхмæ тох кæныны темæ тых- джын æвдыст цæуы «Додой»-ы. Æмдзæвгæйæн йæ темæ æмæ йæ идейæ иумæ сты æнгом баст. «Додой»-ы сæйраг идейæ у фæллойгæнæг адæмы иумæ æрæмбырд кæнын æмæ уыдоны тохы фæндагыл саразын. Поэт масты цæ- хæртæ калы, дзыллæйы æгæрон æфхæрд чи кæны, уыдо- ньт ныхмæ. Фидар рæхыстæй нын не ’уæнгтæ сбастой, Рухс кувæндæттæй хынджылæг кæнынц, 1Г)
Мард нын нæ уадзынц, нæ хæхтæ нын байстой, Стырæй, чысылæй нæ уистæй нæмынц... Иугай ныййистæм, ныууагътам нæ бæстæ, — Фос дæр ма афтæ ныппырх кæны сырд, — Рауай-ма, рауай, нæ фиййау, нæ фæстæ, Иумæ нæ рамбырд кæн арфæйы дзырд!.. Ацы æмдзæвгæйы тохы пафос у стыр. Æмдзæвгæйы цы судзгæ масты цæхæр ис, уый зæрдæтæ уæлдай тынг- дæр агайы, поэт фыццаг цæсгомæй кæй дзуры, йæхи æф- хæрд адæмæй кæй нæ хицæн кæны, уымæй. Адæмы тæр- хон йæхимæ чи райста, уыцы лæгтæн уайдзæф кæнгæйæ, поэт фыста: Зæй уæ фæласа, нæ тæрхоны лæгтæ, — Иу ма уæ фезмæлæд искуы, лæгау!.. Уыцы тæрхоны лæгтæ сæхи адæмы сæрхъуызойтæ хуыдтой, фæлæ уыдонмæ нæ хъардта адæмы рисс, уы- дон нæ уыдысты поэты хæлæрттæ, кæд сæхи ахæм хуы- зы æвдисынмæ хъавыдысты, уæддæр. Уыцы хъуыддаг Къоста хорз æмбæрста, æмæ ма сын кæд «Додой»-ы се ’фсарм æрыхъал кæнынмæ хъавыд, уæд фæстæдæр, уы- рыссагау цы æмдзæвгæ ныффыста «Друзьям-приятелям», уым сын поэт комкоммæ зæгъы, сымах цардæй хъазгæ кæнут, уæ цæсгом уæй кæнут, тыхдзинад фæндон тæрхо- ныл нымайут, зæгъгæ. Къоста сын зæгъы: сымах æдзух- дæр уыдыстут лæгæргæвдджытæ, адæмы бартæ æмæ сæ- рибардзинад уæ къæхты бын ныссæстат. Уыцы тæрхоны лæгтыл йæ зæрдæ кæй нæ дардта, фæ- тæгмæ дæр уый тыххæй сидтис Къоста, уый тыххæй-фыс- та: «иумæ нæ рамбырд кæн, арфæйы дзырд», уымæн фæ- ци йе ’мдзæвгæ æхсидгæ мæстæйдзаг æмæ зæрдæсудзæн ныхæстæй: Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры, — Гъе, мардзæ, исчи! — бынтон сæфт кæнæм!.. Къоста йе ’мдзæвгæйæн æвзæрста, адæймаджы зæр- дæмæ тынгдæр чи хъардтаид, ахæм дзырдтæ æмæ хъуы- дытæ («додой фæкæнат», «зæй уæ фæласа», «сау фæны- кæй уæ куы фенин фæлтау»). Æмдзæвгæ йæ интонаци- мæ, ома йæ ныхасы ахастмæ гæсгæ арæзт у ораторон ныхасы уагыл; поэт пайда кæны сидтон хъуыдыйæдтæй æмæ. здæхæнтæй, хъæры æмæ фарсты нысæнттæй («Нæ 16
тæрхоны лæгтæ!» «Нæ райгуырæн хæхтæ!», «Гъей, мардзæ, исчи!»). «Додой»-ы хъуыдытæ сты мæгуыр, æнæзæхх æфхæрд адæмы хъуыдытæ. «Додой»-ы тохы пафос райгуырд цар- дæй, Къоста цы дуджы царди, уыцы дуджы социалон уавæртæй. Къоста сидти, адæмы цагъары цардæй чи фервæзын кодтаид, ахæм «фиййаумæ». Фæлæ фиййау-фæтæгæн стыр аргъ кæнгæйæ, Къоста бæрзонд æвæрдта адæмы, дзыллæйы, йæ зæрдæ дардта уыдоны тых æмæ хъаруйыл. «Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры», — фыста уый «Додой»-ы. «Мах хицæнтæй лæмæгъ æмæ чысыл стæм, иумæ куы февналæм, — къæдзæх дæр ныннæрдзæн», — фыста «Ног 1892-æм азæн», зæгъгæ, йæ уырыссаг æм- дзæвгæйы. Адæмы проблемæ Къостайы сфæлдыстады ахсы стыр бынат. Фæлæ Къоста цы адæммæ дзырдта, цы адæмы бартæ хъахъхъæдта, уыдон кæрæдзи фаг нæма æмбæрс- той, фосы бирæгъ куыд ныппырх кæны, афтæ ныппырх æмæ ныйиугæйттæ сты. «Тар хъæдмæ бацыдтæ, пыхсы ныдздзæгъæл дæ» — дзуры поэт фæсивæдмæ. Къостайы фæндыд, цæмæй Иры фæсивæд, фæллойгæнæг адæм бам- бæрстаиккой се ’фхæрæг, æмæ сæ марæджы, цæмæй сæ кълассон, сæ социалон хиæмбарындзинад фæтыхджын- дæр уыдаид, æмæ тох кодта уыцы хъуыдыйы сæраппонд. Фæсивæды æрæмбырд кæнын æмæ уыдон рухс фæнда- гыл саразын, уыдонæн рæстдзинад бауарзын кæнын Къоста нымадта йе ’стыр хæсыл. Уымæн дзырдта «Бал- цы зарæджы» фæсивæдмæ: Цæйут, æфсымæртау, Раттæм нæ къухтæ Абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!.. Скæнæм нæ тырыса Дзыллæйы номæй, Рухсмæ æнæзивæг Цомут æнгомæй!.. Растдзинад уарзынæй Скæнæм нæ фæндаг... Гъе, мардзæ, магуса!.. Фесæф, нæуæндаг!.. Фæллойгæнæг адæмы рухс фæндагыл саразын, уыдо- нæн се’знаджы бацамонын æмæ сын сæрибардзинад ба- % Цард æ>1* поззи 17
уарзын кæнын Къоста нымадта ахсджиаг хъуыддагыл, æмæ уыцы идейæтæ йе ’сфæлдыстады ссардтой стыр бынат. Æмдзæвгæтæ: «Додой», «Салдат», «Ракæс», «Азар», «Æнæ фиййау», «Балцы зарæг» æмæ æндæртæ сæ тема* тикæ æмæ сæ тохы пафосмæ гæсгæ ахæссæн ис Къостайы политикон лирикæмæ, кæд уый бынтон раст нæ уыдзæн, уæддæр. Бынтон раст та уымæн нæ уыдзæн æмæ Къос- тайы поэзийы хицæн адæймаджы, кæнæ лирикон геройы уарзондзинады æнкъарæнтæ баст вæййынц социалон æмæ политикон æнкъарæнтимæ æмæ сын адих кæнæн нæ вæййы «политикон» кæнæ «уарзондзинады» лирикæйы хуызтыл. «Азар», зæгъгæ, ацы æмдзæвгæйы тыхджын уарзон- дзинады æнкъарæнтæй дарддæр ис æндæр ахсджиаг мо- тивтæ — дзыллæйы сагъæстæ сæ социалон æмæ полити- кон æфхæрдыл. Æмдзæвгæйы сæйрагдæр бынат ахсы, поэт кæнæ лирикои герой «йæ хуры хай» кæй хоны, уы- цы æнæном чызджы обрæз. Лирикон герой лæгъстæгæ- нæгау куры, цæмæй йын йæ «хуры хай» азара, цалынмæ адæмы мæстæй йæ зæрдæ не ’ссау, уалынмæ. Куы амæ- ла, уæд та йыл хъарæг куыд ракæна, афтæ. Адæмæн зæхх у сæ дарæг... Азар!.. Ракæ мыл-иу хъарæг, «О, мæ бон-иу зæгъ, — Байстой нын нæ зæхх!..» Нал дæ бахъæудзæн ныр рувын... Азар!.. Сахуыр мæ кæ кувын!.. Ма фæлидз тæргай, О, мæ хуры хай!.. Ацы «уарзон» лирикон æмдзæвгæйы арф æвæрд стЬг социалон хъуыдытæ, æнæзæххы сагъæстæ. Фæлæ та ам дæр Къоста дзуры æндæр ахсджиаг хъуыды. Хъуамæ поэт адæмæй тæргай ма лидза, сæ зынтæй сын ма гæр- са, — ацы хъуыды у Къостайы идейон-эстетикон цæстæн- гасы бындуры цæджындзтæй. Уый тыххæй Къоста дзуры йæ бирæ æмдзæвгæты, уæлдай бæлвырддæр та «Æз па- хуымпар нæ дæн», — зæгъгæ, уым. «Азар!», зæгъгæ, ацы чысыл лирикон æмдзæвгæйы идейон æмæ аивадон тых у стыр. Кæд Къоста йе’мдзæв- гæйы политикон æмæ социалон цыргъдзинад уарзондзи- нады аууон бамбæхсынмæ хъавыд, уæддæр паддзахы 18
цензурæ хорз бамбæрста æмдзæвгæйы æцæг мидис æмæ йæ. «Ирон фæндыры» фыццаг рауагъдтæм (1899, 1909 æмæ 1911 азты) бахæссын нæ бауагъта. «Азар!» йæ арф хъуыдытæй æмæ аив нывтæй агайы адæймаджы зæрдæ. Къоста ацы æмдзæвгæйы дæр иттæг арæхсгæ пайда кæны æвастхъæртæй æмæ сидтон хъуы- дыйæдтæй. /Емдзæвгæйы сæйраг бынат ахсы æнæном чызджы обрæз, уый у зарæджы, фæндырдзæгъдæджы символ, ахæм поэты символ, йæ зарды хъару стыр кæмæн у. За- рын у æмдзæвгæйы ахсджиагдæр мидис, уымæ гæсгæ Къоста ногæй æмæ ногæй дзуры, азар, зæгъгæ. Æмдзæв- гæйы ис цыппар строфайы æмæ алы строфайы дæр уы- нæм ацы дзырд: Азар-ма, чызгай!.. Азар, цалынмæ дæ зæрдæ... Азар!.. Ракæ мыл-иу хъарæг... Азар!.. Сахуыр мæ кæн кувын!.. Уыцы иу дзырд цалдæр хатты ист кæй цæуы, кæй æмбæлы, уымæй æмдзæвгæйы идейон-эстетикон ахадын- дзинад ноджы тыхджындæр кæны. Къостамæ ис иукъорд æмдзæвгæйы комкоммæ йæхи цардимæ баст чи у, йæхи сæрмагонд хъуыдытæ, зæрдæ- йы æнкъарæнтæ æвдыст кæм цæуынц. Уыдон фылдæр хатт вæййынц уарзондзинады кæнæ хæлардзинады тых- хæй. Къостайы лирикæйы ахæм интимон (кæнæ уарзон- дзинады) æмдзæвгæтæм ахæссæн ис:«Усгуры хъынцъым», «Ногбон æхсæв», «Хæрзбон», «Фесæф» æмæ æндæртæ. Ацы æмдзæвгæтæ æмтгæй арæзт сты Къостайæн йæхи царды цаутæм гæсгæ, ныхас дзы цæуы Къостайæн йæхи зæрдæйы æнкъарæнтыл. Фæлæ Къостайæн йæхи зæрдæ- йы æнкъарæнтæ, йæ ахсджиаг хъуыдытæ, йæ сусæг монц- тæ æмæ бæллицтæ æппæт фæллойгæнæг дзыллæйы хъуы- дытимæ æмæ бæллицтимæ афтæ æнгом баст сты, æмæ сын ахицæн кæнæн нæй. Къостайæн йæ политикон æмæ интимон лирикæ кæрæдзиуыл сты æнгом баст; Къостайы хъуыдытæ æмæ бæллицтæ сты дзыллæйы хъуыдытæ æмæ бæллицтæ. Къоста йæхи амонд дзыллæты амондæй бæрзонддæр никуы кодта æмæ æвæрдта, уый айдагъ йæхи амондыл никуы тох кодта. Къоста йæхи хæсджын хуыдта дзыл- лæйæ, æмæ уыцы хæс бафидын нымадта тæккæ ахсджиаг- 19
дæр хъуыддагыл. Уыцы стыр патриотизмон хæс йæ зæр- дæйæ никуы рох кодта поэтæн, уый уыдис йæ развæндаг амонæг стъалы, фæнды уарзондзинадыл фыстаид, фæн- ды æнцойдзинадыл, уæддæр. Уымæн бæрæггæнæн у, «В решительную минуту», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæ. Бирæ кæй уарзы æмæ йæ бирæ чи уарзы, поэт уыцы чызгæн зæгъы: мæ зæрдæйы ды æнцойад не ’ссардзынæ, мæнмæ мæ райгуырæн бæстæ карз тохмæ сиды æмæ мын зна- джы басæттын куынæ бантыса, уæд демæ нал фембæл- дзынæн, зæгъгæ. Къоста йæхи амондæй, йæхи уарзондзинадæй бæр- зонддæр æвæры райгуырæн бæсты сæрыл тох кæнын, æмæ кæд йæ райгуырæн бæсты знаджы нæ басæтта, уæд æй нал хъæуы йæ уарзон дæр. Къостайы уарзондзинады лирикæ баст у æхсæнады цардимæ. Æркæсæм-ма «Фесæф»-мæ, уым Къоста рав- дыста, æрыгон лæппуйы (лирикон геройы) стыр æмæ арф уарзондзинад. Лæппуйы зæрдæ мæстæй судзы, чызг йæ дзырд кæй фæсайдта, уый тыххæй. Лæджыхъæдæй цух нæу æрыгон лæппу. Уæдæ цæмæн аивта чызг йæ дзырд æмæ æндæрмæ цæмæн цæуы моймæ? Уымæн æмæ уыцы æндæр лæппу хъæздыгдæр у, уый «сырх дарийæ хорз сфæлыста» чызджы, йæ «риуы ’гънæджытæ хъазынц стъалытау». Æмдзæвгæйы ныхас цы чызгыл цæуы, уый йæ ныхас, йæ уарзондзинад ауæй кодта мулчы фæдыл, æмæ уый судзгæ маст уадзы лæппуйы зæрдæйы. Лæппу æмæчызджы зæрдæйы цы уарзондзинад сыгъд, уый хæлд æрцыд социалон уавæртæм гæсгæ. Афтæ уарзондзинады лирикон æмдзæвгæйы дæр Къоста арф æвæры социалон мотив. Уарзопдзинады лирикæйы дæр Къоста бæрзонд æвæры идейондзинад, райгуырæн бæстæ æмæ сæрибар уарзыны хъуыдытæ. Сæрибары хъуыдытæ арф ахъардтой Къостайæн йæ интимон лирикæйы дæр æмæ сывæллæттæн кæй фыста, уыцы уацмысты дæр. Сæрибардзинадмæ тындзын æмæ æфхæрддзинады ныхмæ тох кæнын сты Къостайы сфæлдыстады тæккæ ахсджиагдæр мотив. Къоста йæ хъус тынг дардта сывæллæтты хъомыл кæныны хъуыд- дагмæ. Сывæллæттæн кæй фыста, уыцы æмдзæвгæтæн сæ идейондзинад у арф, сты зæрдæ агайæг, сæ музыкалон миниуджытæм гæсгæ — хорз, азæлгæ. Цæмæй æмдзæвгæ музыкалондæр уа æмæ сывæллоны зæрдыл хуыздæр лæу- 20
уа, уый тыххæй Къоста йе ’мдзæвгæйы æвæры мидриф- мæтæ: Мит тайы, их сайы... Иæ цæгат фæзæйнад... Йæ фæдыл нæ хъæдыл Фæхæцыд сыфтæр; Сывæллæттæн цы ’мдзæвгæтæ ныффыста, уыдоны дæр К/ьоста фидар хæцы реализмы принциптыл: уыцы æм- дзæвгæты дæр æвдисы хæххон зынцарды æцæгад. III Сæрибаруарзон æмæ æфхæрддзинады ныхмæ тохы мотивтæ стыр бынат ахсынц Къостайæн йæ эпикон уац- мысты дæр («Фатимæ», «Тæрхонгæнджыты раз», «Каеуæг айнæг» æмæ æидæртæ. «Фатимæ» у Къостайы хуыздæр эпикон уацмыстæй иу. Поэмæйы бæстон æвдыст цæуынц Цæгат Кавказы хæххон адæмы цардæй хицæн цаутæ æмæ хицæн нывтæ зæхкусджыты реформæйы хæдфæстæйы рæстæгæй. Уы- цы рæстæг йæ социалон ахадынмæ гæсгæ Кавказы адæм- ты царды ахсы зынгæ бынат. Уæд, куыд зонæм, афтæ суæгъд сты æлдæрттæм цагъайрæгты хуызы цы зæхкус- джытæ уыдис, уыдон. Хæххон кънйæзтæн æмæ æлдæрт- тæн сæ экономикон уавæр фæлæмæгъ ис: сæ фыццаджы цагъартыл сæ бар нал цыд, сæхæдæг та куыстмæ хуыскъ- астæу уыдысты, сæ къух æм нæ тасыд. Ацы историон процесс тынг хорз æвдыст цæуы Къос- тайы поэмæйы. Къоста уыцы рæстæджы царды цаутæ равдыста раст, се ’цæг хуызы. Фæлæ Къоста историк нæу. Уый историон æхсæнадон цаутæ æвдисы обрæзты, нывты. Поэмæйы цы архайджы- тæ, цы геройтæ ис, уыдоны ахастдзинæдтæм гæсгæ, уы- дон цардмæ цы цæстæй кæсынц, уымæй бæрæг кæны сæ зæрдыуаг, сæ социалон зондахаст. «Фатимæ» у бирæ проблемон уацмыс, уым сиу сты бирæ хицæн темæтæ æмæ проблемæтæ. Фæлæ уыдоны ’хсæн, махмæ гæсгæ, сæйрагдæр у хæххон сылгоймаг Фатимæйы хъысмæт. Фатимæ у поэмæйы сæйраг герой, сюжеты хахх арæзт у уый алфамбылай, иу цау иннæ цауимæ баст цæуы уый фæрцы. '21
Кæд царды нывтæ, царды цаутæ поэмæйы æвдыст цæуынц объективон хуызы, уæддæр поэт уыдонмæ цы цæстæнгас дары, уымæй бæрæг кæны уацмысы идейон бындур. Къоста — революцион дембкрат—кæддæриддæр хæцыд фæллойгæнæг адæмы фарс. Ацы поэмæйы дæр сæрибаруарзоны хъуыдытæ, куыд загътам, афтæ ахсынц сæйраг бынат. Къоста ныхæй-ныхмæ æвæры дыууæ æх- сæнады социалон тыхы: иуæрдыгæй æлдæртты (Наиб, йæ фырт Дзамболат), иннæрдыгæй — Ибрагим æмæ уый хуызæн мæгуыр фæллойгæнæг зæхкусджытæ. Поэт иттæг аив æмæ парахатæй сныв кодта Фатимæ- йы обрæз... Фатимæ чысыл сывæллонæй баззад сидзæ- рæй. Йæхицæн дзы чызг загъта æмæ йæ -схъомыл кодта кънйаз Наиб. Фатимæйæн уыди фадат йæхицæн мойаг кънйæзтæй æмæ уæздæттæй равзарынæн, фæлæ уый нæ уарзта æгуыстæй «бæрæгбоны» цард чи кодта, уыдоны æмæ сæ йæхицæн никæйы саккаг кодта. Уый равзæрста цагъарадæй чи суæгъди, ахæм фæллойуарзаг адæймаг Ибрагимы. Уыйадыл Фатимæ æмæ Наибы ’хсæн рауад ныхас. Наиб уайдзæф кæны, Фатимæйæн йæ равзæрст адæймаг æлдæрттæй кæй нæу, уый тыххæй. Фатимæ ды- зæрдыг нæ кодта Ибрагимимæ кæрæдзи уарзгæйæ, рæс- тæй цæргæйæ, хидвæллойы амонд æмæ æнцойад кæй ссардзæни, ууыл. Хъуамæ адæймаг æввонгхор ма уа æмæ кæна фæл- лой, зона кусын — ахæм зондыл хæст у Фатимæ. Афтæ хъуыды кодта Къостайы æндæр герой — уырыссаг чызг Дуня дæр (пьесæ «Дуня»). Кæд хæххон æнахуыргонд ^чызг Фатимæ æмæ уырыссаг ахуыргонд чызг Дуня бын- тон æндæр уавæрты цардысты, уæддæр фæллой кæныны, кусыны проблемæмæ сæ цæстæнгас уыд æмхуызон. Ай- дагъ уыцы цæстæнгасæй дæр хицæн кодтой, цы æхсæна- ды цардысты, уыцы дзыллæйæ, уыдон сæ зондахастмæ гæсгæ уыдысты сæ дуджы раззагдæр сылгоймæгтæй. Фатимæ у Къостайы уарзон обрæз: йæ сурæт ын сфæлындыдта рæсугъд ахорæнтæй. Фатимæ канд уынд æмæ кондæй рæсугъд нæу. Уый у æмбаргæ æмæ æгъдау- джын сылгоймаг, йæ уарзондзинад у фидар, иугæндзон. Амонд æмæ цин Фатимæ агуры фæллойы мидæг. Уый нæ уарзы æввонгæй цæрын. Уыйадыл, кæнæ растдæр зæгъ- гæйæ, уый аххосæй, рахицæн ис, цы æхсæнады схъомыл, уыцы æлдæртты æхсæнæй. Æлдары бæсты йæхицæн къайæн равзæрста фæллойуарзаг Ибрагимы æмæ йæ 22
цард амондджынæй æрвыста, цалынмæ Дзамболат нæ’ фæзынд, уæдмæ. Ибрагим -у, фыццаг цагъайраг чи уыд, æмæ чи суæгъд цагъары æфсондзæй, ахæм зæхкусæг. Уый у растзæрдæ, æнæгæды, æнæсайд адæймаг. Ибрагим кусынæй нæ фæл- мæцы, архайы, цæмæй йæ удвæллойæ Фатимæимæ сæ цард уа амондджын, хъуаг мацæмæй уой. Къоста йæ геройы хайджын кæны адæмы хуыздæр миниуджытæй. Уый у уазæгуарзон, адæмимæ цæры хæларæй. Хъæддзау- тæй иу, Ибрагимæн характеристикæ дæтгæйæ, дзуры: Кæм уыд æгас комы æндæр лæг Сæрæндæр бакуыстмæ? Кæцы? Гъе уый тыххæй нæ уыди цы Фатимæйы æвзæрст?.. (Уырыссаг æвзагæй тæлмац). Ибрагимы ныхмæ поэмæйы æвæрд цæуы кънйазы фырт Дзамболат. Кæд Ибрагим растзæрдæ адæймаг у, кусын уарзы, йæ амонд йæхидæйдзаг фæллойы агуры, уæд Дзамболат та у бынтон æндæр миниуджытыл хæст. Уый у саузæрдæ, хиуарзон адæймаг, уый кусын нæ зоны æмæ йæ кусын базонын фæндгæ дæр нæ кæны, уый у магусайæ цæл уарзаг, хъæуи-хъæу зилгæйæ адæмы чи стигъы, ахæм. Æлдары байзæддаг Дзамболатæн поэт радта бæлвырд æмæ иттæг раст характеристикæ: Наибимæ фæци сæ кад Берданкæ, дугъон æмæ кардæн... Фæлæ æлдæртты цотæн ад Нæма кæнынц уæддæр сæ царды Фæрæт, бæндæн, цæвæг, дзывыр... Цагъайрæгтæ сæм нал ис ныр, Сæхи та сын фыд-зивæг домы... Фæлæ, дам, стонг æмгъуыд нæ зоны, Æмæ зæронд уафсы хуызæн, Цъыф хæсгæйæ æмæ рыг калгæ, Æлдар дæр адæмы æхсæн Хæты, йæ фыды исбон хъаугæ... ...Æгас афæдз хъæуи-хъæу уайы, Æмæ йæ сау мысинæгтæй Уый адæмы зæрдæты къахы Кæмдæриддæр... Æнæфсармæй Лæвæрттæ домы... (Уырыссаг æвзагæн тæлмац). 23
Уый канд Дзамболаты обрæз нæу. Уыцы обрæзы иу кæнынц кънйазы байзæддæгтæ. Дзамболат ие ’мбары, кæнæ йæ бамбарын нæ фæнды, йæ раздæры царды бындур кæй фехæлд, цагъайрæгтæ йæм кæй нал ис, уый. Дзамболаты зæрдæмæ нæ цæуы, Ибрагим йæхицæн амондджын цард кæй ссардта, уый æмæ йæ саузæрдæйы мондæгтæ суадзыны адыл, сфæнд кодта Ибрагимы амарын æмæ йæ маргæ дæр акодта. Дзамболат æнхъæлдта, Ибрагим куынæуал уа, уæд Фа- тимæ йæхи бауыдзæн. Фæлæ хъуыддаг афтæ нæ рауад. Дзамболат Фатимæйæн Ибрагимы амарды хабар куы фехъусын кодта, уæд ын йæ зæрдæйы маст ноджы тынг- дæр рафыцын кодта. «Иуфарс, лæгмар!» — фæхъæр код- та Фатимæ. Чиныгкæсæг зоны, фæстагмæ кæй сæрра ис, уый. Къоста раргом кодта æлдары байзæддаг Дзамбола- ты саузæрдæ, йæ эгоизм. Уый у, йæ царды бындур кæ- мæн фехæлд, йæ ингæны был чи æрлæууыд, уыцы æл- дæрттæй. Йæхи цард бахъахъхъæныны тыххæй, йæ сау- зæрдæйы мондæгтæ суадзыны тыххæй, сси давæг æмæ лæгмар. Дзамболат йæ алы фæзылдæй дæр у фыд- гæнæг. Ацы хъуыды поэмæйы тынг арф æмæ бæлвырд æв- дыст цæуы алыхуызы аивадон мадзæлттæй. Поэмæйы райдайæнæй кæронмæ ныхæй-ныхмæ лæууынц дыууæ тыхы: зæрдæ чи рухс кæны, адæймагæн цин чи дæтты, сæрибар дугмæ чи хоны, иуырдыгæй ахæм тыхтæ, æмæ уыдон баст сты Фатимæ æмæ Ибрагимы цардимæ, фæл- лойгæнæг адæмы бæллицтимæ; иннæрдыгæй — адæйма- джы зæрдæ талынг чи кæны, йæ циндзинад ын судзгæ мастæй чи ивы, ахæм тыхтæ, æмæ уыдон баст сты Дзам- болат æмæ иннæ фыдгæнджытимæ. Мæнæ цалдæр æвди- сæны. Фатимæ кæрты хъазы йæ ахсджиаг хъæбулимæ. Адæймаджы зæрдæ рухс кæны мад æмæ фырты цицæй, Поэт нæ ауæрды рухс ахорæнтыл, уыцы ныв хуыздæр æмæ хъæлдзæгдæрæй равдисыныл... Фæлæ æваст фæ- зынд Дзамболат, æмæ уыцы цин млазон тары бын фæци. Уый размæ та Дзамболаты фæзындæй фæтар ис мæ- гуыр зæхкусджыты хъæлдзæг бадт се ’хсæвæры уæлхъус. Поэмæйы 5-æм хайы райдайæны Къоста диссаджы дзæбæх æвдисы сæууон æрдзы цыв, æмæ уыимæ дунейы æрыхъалы цин; 24''
...Æрыхъал хъæд, Æмæ сæ цины зардæй мæргътæ Рæвдауынц арвы цъæх æппæт... Æрыхъал алцы... Хуыссæг алыгъд... Фæпырх ис тар... Дзæбæх фæхъарм... Æрдз цин кæны... Сæууон куыст рафыхт, Æмæ цæрæгойтæ салам Дæттынц сæ буц хурæн, сæ мадау... (Уырыссаг æвзагæй тæлмац). Ахæм хъæлдзæг нывы фæстæ поэт æвдисы æндæр ныв, фыццаг рухс ныв чи тар кæны, ахæм. Сайтан-хохы фæстæ пыхсы дуры цæндты æхсæнты цæуы, калмау къæдз-мæдзытæгæнгæ, чысыл къахвæндаг. Ууылты æр- цæйцæуы хаттæй-хатт, чи байрæджы кæны, ахæм бæлц- цон, кæнæ фæллад цуанон; ууылты райсом раджы хæрд- мæ зынæн фæцæйцæуы хъæддзау. Ныртæккæ та уыцы къахвæндагыл гæдыйау хилы Дзамболат. Кæдæм тындзы æмæ цæй тыххæй? Цы хорздзинадмæ у йæ каст?.. ...Кæс-ма йæм уæлæ, Æвзист нывæфтыд топп йæ уæлæ, Йæ ронбасты дамбаца тъыст... Зæрин хурмæ цæхæртæ ’лвисы Иæ хъама й’ астæуыл уæрæх... Æрзæбул басылыхъхъ... Æвдисы Æгасæй дæр цыдæр бæллæх... (Уырыссаг æвзагæй тæлмац). Уыцы бæллæх хæссæг ныр дæр та у Дзамболат. Тынг дзæбæх æвдыст цæуы хъæддзауты ныхас, Ибра- гимæй æппæлгæ куы кæнынц, Дзамболаты та фаугæ, уæд. Къостайæн йæ чысыл лирикон æмдзæвгæтæ дæр æмæ йæ эпикон егъау уацмыстæ дæр иттæг аив арæзт сты сæ композицимæ гæсгæ. Къостайы уацмысты нæдæр уæлдай бынæттæ ис, нæдæр исты хъуаг сты. В. Г. Белинский Пушкины уацмыстæй куыд загъта, афтæ Къостайы уац- мысты дæр кæрон аив баст вæййы райдайæнимæ. Поэмæ «Фатимæ»-йы хицæн хæйттæ кæрæдзиуыл сты хорз баст, иу хайæ аннæ хаймæ архайд тынгæй-тынгдæр кæны, обрæзты характертæ æргомдæр кæны, уацмысы сæйраг конфликт рæзы æмæ схæццæ вæййы тæккæ бæр- зонддæр къæпхæнмæ. 2о
Поэмæйы композицион арæзты хицæн миниуджытæм ахæссæн ис уый, æмæ Къоста таурæгъы æхсæн лирикон зарджытæ кæй бакæны æмæ уыдоны фæрцы архайджы- ты зæрдæйыуаг арфдæр кæй раргом кæны («Фиййауы зарæг», «Фатимæйы зарæг»). Поэмæйы нæй, архайджыты зæрдæйыуаг раргом кæнынæн, кæнæ, æмтгæй зæгъгæйæ, поэмæйы идейон мидис раргом кæнынæн ахъаз чи нæ у, ахæм хицæн æрфыстытæ æмæ нывтæ. Поэтæн йæ уац- мысы композицийы арæзты алы цыбыр фæзынд дæр хъуыдыгонд у. Мæнæ цыбыр бæрæггæнæнтæ: Дзамболат Ибрагимы амардта, Ибрагим йæ тæккæ ламаз кæнгæйæ куы уыди, уæд. Ацы чысыл цауæй поэт ’æвдисы, иуæй — Дзамболаты мæнгарддзинад, иннæмæй та фæллойгæнæг адаёймагæн дин æмæ кувын кæй ницы феххуыс сты, уый. Стæй ма мæнæ ахæм чысыл хъуыддаг: Дзамболат Ибрагимы хуыдта цагъайраг, лæгыл æй нæ нымадта. Фæлæ йæм марынмæ лæгæй-лæгмæ нæ бауæндыд. Уый дæр та Дзамболаты не ’вдисы хорзæрдыгæй. Поэмæйы кæрон поэт равдыста, хæххон адæмты цар- ды цы ивддзинæдтæ æрцыди, уыдон (фæзынди скъола- тæ, хæдзарады ног дзаумæттæ, хъæу йæ хуыз аивта, æр- мæст ма йæ фыццаджы уавæры баззад æрра Фатимæ, хъæуы уынгты зилгæ»). Ацы цау дæр зæрдыл лæууын кæны æлдæртты фыдраконддзинæдтæ. «Фатимæ»-йы цы архайджытæ ис, уыдоны характер- тæ сты типикон æмæ æвдыст цæуынц типикон уавæрты. Реализмы методæй фыст чи уа, ахæм уацмыс, царды хицæн детальтæ раст равдисынæй дарддæр домы типи- кон характерты раст равдисын, сæ алфамбылай цы уа- вæртæ ис, архайгæ кæм кæнынц, змæлын сæ чи кæны, уы- цы уавæрты мидæг. Ахæм хуызы æвдисы Къоста царды æцæгдзинад «Фатимæйы». Аивадон обрæзты фæрцы Къоста раргом кодта æл- дæртты (Наиб æмæ Дзамболаты) идеологи, сæзыгъуым- мæ зондахаст; æлдæртты зондахасты ныхмæ та æвæрд цæуы фæллойгæнджыты минæвæртты зондахаст. Ирон литературæйы мидæг Фатимæ у ахæм сылгоймаджы об- -рæз, патриархалон-феодалон æхсæнады цæстæнгасы реакцион ахаст чи бамбæрста æмæ йыл хъоды чи бакод- та, йæ уды сæрибардзинадыл чи сдзырдта. Поэмæ «Фатимæ»-йы нæма зыны æфхæрд æмар Да~ 26
гъардзинады ныхмæ активон тохгæнджытæ, зæхкусджы- тæ активонæй нæма тох кæнынц сæ бартыл, фаг нæма æмбарынц сæ кълассон интерестæ. Уыдон æмбарынц со- циалон æбардзинад, æфхæрд, хорз æмæ фыд. Уыдон зæрдæйæ сты Ибрагимы фарс, æппæлынц дзы, уарзон цæстæй йæм кæсынц, Дзамболат та у се ’нæуынон. Къоста «Фатимæ»-йы тынг хорз равдыста хæхбæсты æрдзы нывтæ. * * * Къостайæн йæ иннæ поэмæтыл зæгъдзынæн цыбыр- дæрæй. «Тæрхонгæнджыты раз», зæгъгæ, уыцы поэмæйы Къоста сфæлындыдта мæгуыр, фæлæ хъæбатыр чи у, феодалон æгъдæутты ныхмæ тохы чи бацыд, ахæм æв- зонг адæймаджы обрæз. Хъуыбадыйау Эски дæр схъо- мыл ис кæйдæр фæсдуæртты. Кæд æфхæрд æмæ мæгуыр у, уæддæр уыд æдзух хъæлдзæг — кафаг æмæ зараг. Уый æмбæрста хъæды уынæр, цъиуты уасын, уады ниуын... Поэмæ арæзт у социалон конфликты бындурыл. Иуырдыгæй сæрибар æмæ амондыл тохгæнæг адæймаг, иннæрдыгæй хуымæтæг адæймаджы бартæ ссæндæг фео- далон-патриархалон æхсæнад. Эски йæ сæрибаруарзон зæрдæимæ нæ бары йе ’фхæрджытæн, сæ ныхмæ карз то- хы бацыд. Тæрхон лæгты раз Эски цы дзуры, уый у кълассон æхсæнадæн — бонджынтæн æмæ уыдоны чи хъахъхъæ- ны, уыцы тæрхоны лæгтæн æхсæрфарсы цæф. Къоста йæ геройы дзыхæй сиды æппæт æфхæрд адæммæ — ныфс- джынæй уæ бартæ домут, тох кæнут, адæймаджы чи æгад кæны, уыцы æгъдæутты æмæ æхсæнадон закъонты ных- мæ, зæгъгæ. Къостайы стырдæр поэтикон уацмыстæй иу у поэмæ «Кæмæн ис хъæлдзæг цард». Ацы поэмæ арæзт у хæд- хæцæг паддзахы колонизаторон политикæйы ныхмæ. Къоста хурмæ рахаста паддзахы кавказаг чиновникты æвирхъау фыдраконддзинæдтæ; равдыста, уыдон гæр- тамхортæ, бюрократтæ, хиуарзон эгоисттæ æмæ адæмы æфхæрæг гуымирытæ кæй уыдысты. Къоста йæ поэмæйæн равзæрста Н. А. Некрасовы номдзыд уацмыс «Кому на Руси жить хорошо», зæгъгæ, уый формæ. Уырыссаг стыр революцион демократы уацмысы формæ Къостайы ба- хъуыд, цæмæй йын æнцондæр уьтдаид йæуацмысы идейæ 27
раргом кæнын, уый тыххæй. Къоста йæ уацмысæн æры- мысыд ахæм сюжет, цыма паддзахы кавказаг чиновник- тæ сæ бынæттæй тард æрцыдысты æмæ сæ хъысмæт буль- вары иу ран сæмбырд кодта. Уыцы ран сын къуызыртæ лæдзæгджын тызмæг зæронд лæг сæ цъаммар митæ ра- дыгай хурмæ хæссы, йæ цыргъ ныхасæй сæ æнæтуг æр- гæвст кæны. Сæ иуæй иннæ фыдгæнæгдæр, сæ иуæй ин- нæ зылындæр æмæ аххосджындæр у адæмы раз. Уыдон кæд алы бынæттæ фæахсынц, уæддæр сæ нысан иу вæй- йы — адæмы стигъын, адæмы талынджы дарын, паддза- хады сайын æмæ хæрын. Къоста сарæзта æнæрохгæнгæ типтæ: Хапанцев (Мыхæгой), Подлизов (Козбауой), Зу- ботычев (Дæндагсæттæг), Людоедов (Удхор) æмæ æн- дæртæ. Къостайы уацмысы геройтæ сты цардæй ист, сæ фылдæры прототиптæ бæрæг сты. Уыимæ уыцы колони- заторты типты æхсæн мах уынæм ирон буржуазон интел- лигенцийы минæвæртты дæр. Адæмы туг чи нозта, сæ бартæ сын чи иста, уыдон фæнды уырыссæгтæ уæнт, фæнды — ирæттæ, уый Къостайæн уæлдай нæ уыди, — уыдон ын уыдысты æнæуынон æмæ сын сæ цъаммар ми- тæ хурмæ хаста, худти сыл. Ам дæр æвдыст цæуы адæ- мы знаг — йæ бæстыл мæнг дзурыныл чи нæ ауафды, йæхионыл арт чи æндзары, ахæм адæймаджы обрæз. «Æхсины лæг» ныффысгæйæ, Къоста ирон литерату- рæмæ бахаста поэзийы жанры ног хуыз — зылынгæнæн сатирикон уацмысы хуыз. Къостайы сфæлдыстады сæрмагонд бынат ахсынц, историон легендæтæм гæсгæ фыст чи æрцыди, уыцы уац- мыстæ: «Хетæг» æмæ «Каеуæг айнæг». Дыууæ кадæджы дæр Къоста фыссын райдыдта, Херсонмæ хаст куы уы- дис, уæд; дыууæ кадæджы дæр кæронмæ фыст нæ фесты. «Кæуæг айнæг» дæр æмæ «Хетæг» дæр историон поэ- мæтæ не ’сты. Фæлæ дыууæ поэмæйы дæр ис историон цаутæ легендæтимæ хæццæгондæй. Легендæ цы дзуры, уымæй хъауджыдæр поэт «Кæуæг айнæджы» равдыста царды æцæгадæй ист хицæн нывтæ æмæ цаутæ. Ирыстон Уæрæсеимæ кæй баиу ис, уый Къоста хоны цины хъуыд- даг, нымайы йæ ирон адæмы историйы мидæг ног цар- дыл. Ирыстон Уæрæсеимæ кæй баиу ис, уый у ирон адæмы историйы стыр арæн. Уыцы арæнæй размæ цы цард уыди, уый уыди талынг æмæ æбуалгъ. Къоста фыста: 2«
Кæддæр, кæддæр, тызмæг Кавказ ма Куы ныгъуылд талынджы бынтон, Нæ ног цард сом куыд цæудзæн размæ, Уый зынд куы нæ ма уыд бæстон; Сырдми, пысмил æмæ мæнгард ма Куы кодтой уды хъысмæт лыг, Куы ма хауд адæймаджы цардма? Фылдæр хъыг, маст æмæ иæссыг, Гуымиры ирхæфсæн хъуыддагæн Дзыллæты туглæсæн куы хъуыд, Куы ма хъуыд фесгуыхт æмæ кадæн Хæст æмæ ’хсаргард — тугтæ калæн, Уæд мæнæ- ахæм цау æрцыд. (Уырыссаг æвзагæй Плиты Грисы тæлмац.) Къоста реалон хуызы æвдисы мæгуыр, æнцад цæрæг хæххон хъæуы нывтæ. Хъæумæ хъуысын байдыдтой ха- бæрттæ, знаг Хъобаны былæй къах æрбавæрдта æмæ Дайранмæ тындзы, зæгъгæ. Уыцы хабар адæмы базмæ- лын кодта, сæ зæрдæты сын тас бауагъта, кæд цагъар- дзинад æмхуызон не ’мбæрстой, уæддæр. Аразын бай- дыдтой гæнах, самадтой йæ, фæлæ адæм дыккаг бон куы ракастысты, уæд гæнах кæм лæууыд, уым ницыуал уыди... Хъæу чи базмæлын кодта, сæхи сын чи рæвдз кæнын кодта, «æхсарæй, ставд топпыхос æмæ здыйæ», уыцы знаг сæм æрбахæццæ æви нæ, уый бæрæг нæу, растдæр зæгъгæйæ — не ’рбахæццæ ис. Æмæ уый кадæджы мидæг уыйбæрц ахсджиаг бынат дæр нæ ахсы. Ацы ран ахс- джиаг бынат ахсы райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны мотив, уыцы дард саумлазон æмæ æбуалгъ рæстæджы адæм сæ цард æмæ сæ бартæ бахъахъхъæнынмæ цæттæ кæй уыдысты, уыцы идейæ. Къостайæн уыцы æрдæг-историон, æрдæг-легендарон цау уыдис фон йæ революцион-демократон хъуыдытæ равдисынæн. Поэт дыууадæс тæрхонгæнæг зæронд лæ- джы дзыхæй зæгъы йæ фæндон, йæ демократон-револю- цион лозунг: Цæйнæфæлтау, сæрибар адæм, Цагъарæй туг калæм æлдарæн, Фæлтау нын амæлæт хуыздæр! «Каеуæг айнæджы» та Къоста ногæй зæрдыл æрлæу- уын кодта, кадæджы цы хъизæмар тугкалæн æмæ талынг цард æвдыст цæуы, уыдонæй ирон адæм Уæрæсейы фæр- 29
цы кæй фервæзтысты, уыцы ахсджиаг хъуыды. Уыцы идейæ поэмæйы зыны кæрæй-кæронмæ. Къоста ма «Кæуæг айнæджы» æвдисы талынгдзинады ныхмæ хæцыны идейæ. Æцæгдзинадæй, кадæджы арха- йæг, Мамийы хуызæн «дæснытæ» æхсæнады мидæг бирæ зиантæ кæй хастой адæмæн, фыдбылызтæ сыл кæй æф- тыдтой, уый Къоста йе ’нæфæуд къухфыстыты бæлвыр- дæй равдыста. Мами арты баппæрста хъæубæсты тæккæ æвзыгъддæр сывæллоны, йæ мад дæр йæхи баппæрста арты æмæ басыгъди. Мамимæ адæмы маст афтæ сфых- тис, æмæ йæ адæм амардтой, йæ мард та йын куитæн аппæрстой. Ацы поэмæ æвзаргæйæ, зæрдыл дарын хъæуы, поэмæ æххæст фæуд кæй нæу æмæ дзы иуæй-иу .бынæттæ фаг æргомгонд кæй нæ цæуынц, уый. Фæлæ та ацы поэмæйы дæр мæгуыр æфхæрд хæххон сылгоймаджы обрæз лæууы нæ разы. Азау хæрз æрыго- нæй баззади идæдзæй æмæ æрыздæхти йæ фыды хæдзар- мæ йæ чысыл хъæбулимæ, фæстагмæ «дæсны» Мамийы азарæй арты чи басыгъд, уыцы æнамонд хъæбулимæ. «Хетæг» фыст у, ирон адæммæ Хетæджы тыххæй цы легендæтæ ис, уыдонмæ гæсгæ. Легендæйы Хетæг æвдыст цæуы хъæбатыр адæймагæй. Уый йе ’фсымæртимæ æмæ адæмы минæвæрттимæ иумæ карз тох кæны æддагон тыхгæнджыты ныхмæ. Уыцы хорз миниуæг Къоста райс- та адæмон таурæгътæй æмæ йæ ноджы тынгдæр рапа- рахат кодта. Фæлæ Къоста уыцы легендæтæй спайда код- та критикон æгъдауæй—хорзæй дзы цы уыд, уыдон рай- ста, æнæзæрдæмæдзæугæ дзы цы уыд, уæлдайдæр дины фæдыл, уыдон аиуварс кодта. Къоста йæ поэмæйы равдыста адæмон легендæты чи нæ уыд, ахæм цæрдуд обрæзтæ æмæ нывтæ (Чабæхан æмæ Залиханы обрæзтæ, Чабæхан æмæ Хетæджы уар- зондзинад, Чабæхан, Залихан æмæ Годжийы фембæлд- тытæ æмæ ныхæстæ). Къоста архайы æхсæнадон цауты, адæмы æхсæн ахастдзинæдты демократизаци кæныныл. Ахæм цаутæ сты: Солтан йæ чызджы фæндон адæмы раз кæй фæрсы, уый; Чабæхан йæ уарзондзииад йæхæдæг кæй æргом кæ- ны, уый; Залиханы уæндон ныхæстæ; Солтан æмæ Инал дины фæдыл кæй нæ фæбыцæу сты, уый æмæ æндæр би- рæ ахæм цаутæ. Уый у, мæнмæ гæсгæ, поэмæйы идейон бындур. 30
Къоста йæ уацмысæн равзæрста, адæмон кадджыты ритммæ хæстæг чи у, ахæм æмдзæвгæйы бæрцбарст. Парахатæй пайда кæны абарæнтæй æмæ эпитеттæй. Мæ- нæ куыд дзæбæх æвдыст цæуы, Солтан йæ чызгмæ куы фæсидтис æмæ дзы адæмы раз дзуапп куы домдта, Хе- тæгæн разы дæ æви нæ, зæгъгæ, уыцы сахат йæ зæрдæ- йы ахаст: Топпы гæрахæй хъæды сырд куыд фестъæлфы, Афтæ Чабæханæн фестъæлфт йæ зæрдæ... Тугæй сырх-сырхид йæ уадултæ адардтой, Цæстытæ стъалытау калдтой цæхæртæ... Банцад чызг... Туджы цъырт нал уыд йæ уадулты... Базыр-зыр кодта, фæцудыдта размæ... Солтаны дыууæ чызджы сурæттæ иоэмæйы æвдыст цæуынц бæлвырд, ирд ахорæнтæй: Хистæр Чабæхан, бæрзонддæр чызг, нарæгдæр, Сабыр, æнкъардхуыз, фæлурсдæр йæ цæсгом... Сæрды мæйрухс æхсæв — растæй йæ цæстæнгас, ’Вæццæгæн уымæн уыд «Мæйрухс» йæ фæсном. Кæстæр Залихан, рæуæгдæр, хъæлдзæгдæр чызг, — Кафты уæд, симды уæд калдта цæхæртæ... Бакæс, — хæрз сывæллон, афтæмæй алкæмæн Хуры цæстау-пу ныррухс кодта зæрдæ. Каед поэмæйы æвдыст цæуынц рагон тызмæг царды цаутæ, уæддæр дзы Къоста агуры фæлмæн ныхæстæ, гу- манизм. Хъуамæ фыд бинонты ’хсæн деспот ма уа, хъуа- мæ йæ чызджы фæндонæн дæр аргъ кæна, йæ цотмæ дзу- ра буцæй, рæвдаугæйæ. Ахæм хуызы æвдыст цæуы Сол- таны цæстæнгас йæ чызджытæм: Никуы дзы фехъуыстой уайдзæф, тызмæг ныхас... Цардамондæн сын лæвæрдта йæ уд дæр. Поэмæйы бирæ ис адæмон æвзагæй ист абарæнтæ: «Уалдзыгон зæйау, Чингисханы ’фсæдтыл иу гуыпп фæ- кодтой», цъæх обауы сæрæн акасти йе ’фсæдтæм, хуры цæстау, Инал» æмæ æндæртæ. Мах загътам «Хетæг» историон кадæг нæу, зæгъгæ. Тынг бæрæг нæу, йæ цаутæ кæцы рæстæгмæ хауынц, уый дæр. Йæ иу къухфысты уыцы рæстæг хаст цæуы Чингис- ханы рæстæгмæ, иннæйы — Мамайы кæнæ Хъырымшам- 31
халы рæстæгмæ. Къоста кæй кой кæны, уыдон архайд- той алы рæстæджыты: Чингисхан (12-æм æнусы), Мамай (14-æмæнусы), Хъырымшамхал (чи зоны, 15-æм æнусы). Куыд уынæм, афтæмæй бæлвырд бæрæг нæу, Къоста «Хетæджы» цаутæ кæцы æнусмæ хæссы, уый. Къоста фыста Хетæджы рæстæг бæрæг кæнгæйæ: Раджы зæгъон, æмæ раджы куыд уыдаид? Иуыл æрæджы зæгъон, æмæ сайддæр! — Æз ныр мæхæдæг йæ дæсæм фыды фырттæй... Афтæ йæ куы нымайæм, уæд Хетæджы цаутæ хауынц 14-æм кæнæ 15-æм æнусмæ. Фæлæ поэмæйы æнæфæуд къухфыстытæм гæсгæ бæ- рæг у, Къоста кæй хъавыд историон цаутæ уæрæхæй ра$- дисынмæ, уый (Гуырдзы, Ир æмæ Кæсæджы æхсæн баст- дзинæдтæ, Чингисханы æфсæдты ныхмæ тох æмæ æн- дæртæ). Поэмæ кæд æххæстæй фыст нæ фæци, уæддæр бæрæг у, Къоста йыл тынг зæрдиагæй кæй куыста. «Хетæджы» ис ног хъуыдытæ, ног обрæзтæ — уæды онг Къостамæ чи нæ уыд, ахæм ног аивадон мадзæлттæ. Йе ’ппæт æууæл- тæм гæсгæ дæр поэмæ у оригиналон, æрмæст хъыгаг у, фыст кæй нæ фæци, уый. IV Къостайы поэзи арф уидæгтæй баст у ирон фолькло- римæ. Адæмон сфæлдыстад у, Къостайы поэзийы стыр гуылфæн кæмæй равзæрд, уыцы поэтикон суадæтты ахс- джиагдæртæй иу. Нæ дзурдзыстæм, куыд бирæ уарзта Къоста ирон æм- бисæндтæ, зарджытæ, аргъæуттæ æмæ нарты кадджытæ, ууыл. Алчидæр зоны, Къоста сæ куыд æмбырд кодта, куыд сын ахуыр кодта сæ рæсугъд æвзаг, сæ поэтикон дæсныдзинад. Къоста йæ уацмыс «Особа»-йы фыссы, ирон аргъæут- тæ сты бирæ, алыхуызон æмæ аивдзицадæй æххæст, зæгъгæ. Уыцы ран фыссы кадæггæнджыты тыххæй дæр æмæ сæ хоны стыр курдиатджын адæймæгтæ. Уыдонмæ хъусын, — зæгъы Къоста, — адæм тынг уарзынц уымæн æмæ сты аив æмæ зæрдæмæдзæугæ. 32
Къоста «Хъуыбадыйы» равдыста адæмон зарæггæ- нæджы стыр т’ых æмæ хъару. Кæй цæстытыл нæ уайы Хъуыбадыйы сурæт: Сæрдæй, зымæгæй, Гуыбыр, тызмæгæй, Йæ кæрцы мидæг, Ныхасы бады Зæронд Хъуыбады, Нæ фæндырдзæгъдæг... Чи нæ зоны Хъуыбадыйы царды фæндаг йæ сабийæ йæ базæронды онг? Мах ма кодтам Къостайы Хъуыба- дыйы кой, æндæр фарст, æндæр темæйыл дзургæйæ, ныр- тæккæ ма æрхæсдзынæн Къостайы ныхæстæ, адæм сæ зарæггæнæг Хъуыбадымæ куыд æнувыдæй хъуыстой, уый тыххæй: Иæ хорз зарджытæн, Иæ хорз кадджытæн Кæрон кæм уыди? Æнæ фæхудгæ, Æнæ фæкæугæ Сæм чи лæууыди?!. Адæмон кадджытæ æмæ зарджытæ, аргъæуттæ æмæ æмбисæндтæ афтæ хæстæг уыдысты Къостайы зæрдæмæ, æмæ уый уыдонæй иуæй-иуты мотивтæм æмæ сюжеттæм гæсгæ ныффыста къорд уацмысы, поэтикон шедевртæ схонæн кæй ис, ахæмтæ: «Уæлмæрдты», «Лæскъдзæрæн», «Всати», йæ баснятæ. Адæмон сфæлдыстады мотивтæм гæсгæ кæй ныффыс- та, уыдон ницæмæй хицæн кæнынц Къостайæн йе ’ннæ уацмыстæй, уыдон дæр дзаг сты прогрессивон адæмуар- зон хъуыдытæй, сты оригиналон, аивдзинадæй ифтонг. «Марходарæгæн» йæ темæ ног нæу. Уый хæстæг у Крыловы басня «Рувас æмæ сæнæфсиры» темæмæ. Фæ- лæ уыцы «хæстæгдзинад» ис æрмæстдæр иумæйаг темæ- йы, æнæуи Къостайы басня у оригиналон, фыст æрцыд мæнæ ахæм ирон æмбисондмæ гæсгæ: «Гæды фиумæ куы не ’ххæсса, уæд æй мархо хоны». Къоста диссаджы аивадон обрæзты раргом кодта уыцы æмбисонды мидис, æрмæст ирон адæмы царды чи æмбæлы, ахæм нывтæй, ахæм уавæрты. 3 Нард æмее поэзи яз
Урссаджы хъæстæ рагæй чи нæуал фæцис, ахæм стонг гæды зыдæй кæсы цармæ, уым йе ’стонгæн ис нæртоны хос: Галы фиу... Йæ бын мæхъийау, Фондз уæрдæхæй баст, — Бур-бурид ысси, фæткъуыйау, Афæдзваг у раст! Ие ’рагъ афасти фырнæрстæй, Хус ысмаг хæссы... Куыд ма хуыздæр равдисæн ис, стонг гæды фæндаг кæмæ нæ ары, уыцы фиу? Кæй цæстытыл нæ ауайдзæн йæ хуыз? Фæлæ ныртæккæ ныхас ууыл нæу. Цары ауыгъд фиу — ирон хæдзары хицæн миниуджытæ чи ’вдыста, уыдонæй иу деталь, иу къабаз. Къоста рувасы сæнæфсирмæ куы кæсын кодтаид, уæд уый ирон царды афтæ характерон нæ уыдаид. Куыдз хуыссы гæдыйы цур, бамбæрста йын йæ хъуы- ды æмæ йæм мæстæймарæгау дзуры: «Скастæ та йæм цы?» Гæды фестъæлфыд фырмæстæй æмæ куыдзæн уай- дзæфтæ кæнынмæ фæци: «Ма тæрс, гуыдынхъус, æз нал дæн Мархохор, дæуау!..» Гæды у бæлвырд обрæз æмæ йын Къоста хорз æвди- сы йæ митæ, йæ фæдфæливæн ныхæстæ. Иæ сæры иу хъуыды ис — нæмгæ дæр æй фæкæн, йæ цæст дæр ын акъах, фесафæй бынтон æгадæй, — бафсад æй æрмæст», дзургæ та æндæр кæны, мархохор нал дæн, зæгъгæ. Гæ- дыйау гæды ныхæстæ чи кæны, ахæм адæймæгты ныхмæ арæзт у Къостайы басня. Къоста уырыссаг басняты сюжеттæм гæсгæ кæй ныф- фыста, уыцы баснятæ дæр сты оригиналон, поэт сæ «са- хоры» ирон иацион ахорæнтæй, сæ ритмикон арæзт æмæ сын сæ бæрцбарст дæр афтæ рацаразы, ирон чиныгкæ- сæгæн æнцон æмбарæн куыд уой. «Хъазты» Крылов фыс- сы «Мужуккаг даргъ уисæй хъазты горæтмæ уæйкæнын- мæ скъæрдта», зæгъгæ. Къоста уыцы бынат рацарæзта, ир)он чиныгкæсæг æй æнцонæй куыд бамбара, афтæ:
Фæрссаг лæг, дыгурон, йæ хъазтæ уæймæ Фæцæйтардта иу бон Æлдары хъæуме Уымæй уæлдай ма Къоста басняйы райдайæны ба- кодта, Крыловмæ чи нæй, ахæм строфа: Дæ фыдæлтæ рухсаг, Дæхæдæг мын бæзз! Ныртæккæ уын диссаг Æрхæсдзынæн æз. Басняйы хъуыды кæм раргом вæййы, уыцы зонды ны- хас кæнæ мораль Къоста нывæры куы басняйæн йæ кæ- рон, куы йæ райдайæны. «Булкъ æмæ мыд», зæгъгæ, уы- цы басняйы райдайæны Къоста æргом кæны йæуацмысы хъуыды, йæ мораль: Дунетæй хуыздæр куы фестай, Гъе, уæддæр дæхи уд ма стау! «Уайдзæфæн», «Бирæгъ æмæ хърихъуппæн» дæр сæ моральтæ сты райдайæны, «Хъазты» та кæронæй. Иуæй- иу басняты та уыцы мораль райдайæны дæр æмæ кæро- ны дæр фæзыны. «Халон æмæ рувасы» райдайæны поэт фыссы: Цæстмæхъус ныхас Фыдбылыз хæссы... Хуыснæггаджы бас Фу-фуйæ сысы... Ацы ныхæстæ æвдисынц басняйы мидис, фæлæ ма уацмысы кæрон Къоста бафтыдта: Паддзахгæнæггаг Кæйдæр цыхт хордта Нæ гæды рувас, — Ды та уал уым уас!.. Баснятæ «Рувас æмæ зыгъарæг», «Саг æмæ уызын» æмæ иуæй-иу æндæр басняты та, кæй кой кодтам, ахæм мораль æппындæр нæй, æвæццæгæн, сæ хъуыды æргом кæй у, уымæ гæсгæ. Къоста йæ басняты худы хицæн адæймæгты сахъат-
дзинæдтыл — бирæгъау зыд æмæ кæрæф чи у, хорзæн хорз чи нæ зæгъы, ахæм адæймæгтыл; гæды, рувас æмæ зыгъарæгау мæнгард æмæ гæды чи у, фæдфæливæнтæ чи кæны; булкъ æмæ уызынау хиппæлой чи у, ницы уæвгæ- йæ, йæхи бæрзонд чи кæны, йæ фыдæлты кадæй чи ’ппæ- лы, уыдоны хуызæттыл. «Ахуыр» дæр фыст у адæмон æмбисæндтæм гæсгæ. Иронау ис ахæм æмбисæндтæ «бирæгъ йæ кæнон нæ уа- дзы», «давæг йæхицæй дæр давы». Адон хæстæг сты Къостайы «Ахуыры» бындурмæ. Адæймаг цæуыл сахуыр уа йæ чысылæй фæстæмæ, уый зын ныууадзæн у. Афтæ у ацы уацмысы хъуыды. Уыцы хъуыды поэт æргом кæ- ны иттæг аив хуызы. «Ахуыры» ис дыууæ архайæджы: иу, ныхас кæйдзы- хæй цæуы, уый — æмдзæвгæйы лирикон герой, иннæ та хуыснæг. Лирикон герой у раст адæймаг, уый нæ уарзы æвзæр æгъдæуттæ, æвзæр митæ. Зæронд лæджы давгæ куы федта, уæд ын загъта: «Ма бакæн! Худинаг, худи- наг!» Зæронд лæг басасти йæ сахъатыл: уый сывæлло- нæй сахуыр ис хуыснæгыл, басомы кодта æмæ искæй фос нал давы, фæлæ йæ ахуырмæ гæсгæ йæхицæй æнæ- давгæ нæ лæууы. Ацы æмдзæвгæ йæ мидисмæ гæсгæ хæстæг у Къоста- йы басня «Уайдзæфмæ». «Ахуыры» хуыснæг йæ давын куыд нæ уадзы, афтæ «Уайдзæфы» бирæгъ дæр йæ кæ- нон нæ уадзы. Аивадон æгъдауæй ма хуыснæджы мини- уæг баст цæуы ерæдзыппы миниуæгимæ — ерæдзыппæн кæд йæ хицау — лирикон герой — ифтыгъд æнхъæл нæ уыд, уæддæр уый фæгæрах кодта, цы миниуæг æм уыди, уый кодта. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы хъуыддаг афтæ æмбарын нæ хъæуы, æмæ лæг æвзæр мийыл сахуыр ис, уæд ын æппындæр срастгæнæн нал ис. Къостайы уацмысмæ гæс- гæ нæй ахæм цæхгæр хатдзæгтæ кæнæн, ам ныхас цæуы бæлвырд обрæзы тыххæй. «Ахуырæн» йæ ахастмæ, йæ характермæ гæсгæ схо- нæн ис æмбисонд — басня. Автор йæ уацмысы дзуры адæймаджы æвзæр миниуджыты тыххæй, фауы сæ, ху- дын сыл кæны адæмы. Поэт йæ уацмысы дзæбæх æвди- сы Ирыстоны æрдзы нывтæ, хосгæрдджыты фæллой. «Ахуыр»-ы ис тыхджын аив абарæнтæ: «уайсадæг чырдзау мæм ноджы ныкъкъæмдзæстыг». Ам дæр та Къоста иттæг арæхстджынæй пайда кæны æвастхъæртæй: 36
«Ох-хай, гъе! Уæртæ зæронд лæг!» «Гъей, хорз лæг! Ма бакæн! Худинаг, Худинаг!» «Ау, кæд дæхи у, уæд ма йæм цæмæн хъуызыс?» Къостамæ ис риторикон-фарстон хъуыдыйæдтæ дæр: Лæг ма цы фæнды фæуæд, фæлæ ерæдзыпп, — Ифтыгъд нæу, зæгъгæ, нæ загътон?! Ам бафарст дзуапп нæ домы, уымæн æмæ фарстæн йæхимидæг ис дзуапп. Алыхуызон сты, Къоста ирон адæмон сфæлдыстады мотивтæм гæсгæ цы уацмыстæ ныффыста, уыдон — цы проблемæтæ дзы лыггонд цæуы, уымæ гæсгæ дæр, æмæ сæ аивадон мадзæлттæм гæсгæ дæр, суанг æмдзæвгæйы ритм, бæрцбарст æмæ строфикæйы онг дæр. Ныртæккæ цы уацмысты кой ракодтам, уыдон арæзт уыдысты ирон æмбисæндты бындурыл, фæлæ куыд загъ- там, афтæ Къостамæ ис ирон зарæджы мотивтæм гæсгæ кæй ныффыста, ахæм уацмыс дæр («Всати»), аргъаумæ гæсгæ кæй ныффыста, ахæм уацмыс дæр («Лæскъдзæ- рæн»), рагон бæхфæлдисыны æгъдаумæ гæсгæ кæй ныф- фыста, ахæм стыр уацмыс дæр («Уæлмæрдты»). Ирон адæмы мифологийы стыр бынат ахсы Всати. Адæмон зарджытæм гæсгæ уый у сырдты бардуаг, мæ- гуыр цуанæтты фарсхæцæг. Цуан адæмы царды стыр бынат ахста сæ экономикон уавæрмæ гæсгæ. Цуан уыди царды хос, бинонты фæдарыны мадзал. Цуанон лæджы цард уыд æндахы халыл ауыгъдау. Æрымысæм ма Къостайы «Дзæбидырдзуан», Хъæбатыр Тедойы фесæфт цуаны фæндагыл! Кæнæ цуаноны тыххæй «Чи дæ?»-йы цы ныхæстæ ис, уыдон: Цуанон лæг мæрдтæм Хæстæгдæр цæры, Иæ мард та уæлмæрдтæм Нæ хæццæ кæны!.. Царды æцæгдзинад æвдисæг сты ацы дзырдтæ. Цуа- нæттæн цуан кæнын æнцон кæй нæ уыд, сæ зарджыты Всатийы афтæ бæрзонд дæр уый тыххæй æвæрдтой, лæгъстæйаг ын уымæн уыдысты. Стæй, æвæццæгæн, цуан уæлдай тынгдæр æмæ æхсызгондæр хъуыди мæгуырты, Всати дæр сæ фарс уый тыххæй уыди, уымæн æмæ афтæ фæндыди мæгуырты, уый уыди сæ бæллиц. 37
Всатийы зарджытæй иуы ныхас цæуы, Бадилатæ дыууадæсæй цуаны куыд ацыдысты сыгъдæг саулохаг бæхтыл, сыгъдæг хъримаг топпытимæ, уый тыххæй, фæ- лæ уыдонæн сæ бон не ’сси, Всати сын цы хъыбыл ра- уагъта, уый амарын, хъыбыл сæ йæхæдæг ныццагъта. Уый фæстæ фæзынди Дзутты Куыдзи, мæгуыр цуанон, «зилгæ зæнгой æмæ сау сæмпæрчъи», йæ топп рæхсæн- тæй баст, уый амардта, Бадилатæ дыууадæсæй кæй нæ амардтой, уыцы хъыбылы. Ацы зарæджы тынг хорз зыны æхсæнадон къордтыл дихдзинад. Мæгуыр цуанон хъæздыг цуанонтæй сæрæн- дæр æвдыст кæй цæуы, уый та у фæллойгæнæг адæмы бæллиц, Куыдзи у адæмы ныфс æмæ лæгдзинад æвдисæг обрæз. «Всати» фысгæйæ, Къоста спайда кодта адæмон за- рæджы сюжетæй, бахаста ивддзинæдтæ,' афтæ йæ фæ- кодта, цæмæй дзы царды рæстдзинад тынгдæр зына, цæ- мæй архайджыты обрæзтæ бæлвырддæр уой, цæмæй зарæг тынгдæр зæрдæмæ хиза. Адæмон зарджыты æвдыст нæ цæуынц Всатийы бы- нат, йæ уавæртæ, йæ лæггадгæнджытæ. Къоста уыдон афтæ рæсугъд сныв кодта, æмæ адæймаджы цæстыл уа- йынц, дæсны нывгæнджыты ныв-уацмыстæм кæсæгау. Мит лæджы цæст сайы, — Схиз æм, уæд — ныхас! — Раст йæ астæу зайы Стыр нæзы бæлас. Дон кæлы йæ рæзты Урс æхсæрдзæнтæй; Цъититæ йæ фæрсты Бадынц их зæйтæй. Фалæрдæм лæбырынц Сау дуры цæндтæ! Тар хъæдæй нæ зынынц Арф, уынгæг кæмттæ... Урс-урсид дзæнхъатæй Бандæттæ, тæрхæг; Саджы урс сыкъатæй Всатийæн — сынтæг... Адæймаджы фæнды æмдзæвгæ кæрæй-кæронмæ ра- фыссын, афтæ аив, афтæ рæсугъд æвдыст цæуынц ныв- тæ. Ддон Всатийæн дæттынц реалон характер. Тынг цыбыр, фæлæ бæстон æвдыст цæуынц цуанает- з§
ты сурæттæ. Мæнæ хъæздыг цуанæттæ, Всати кæмæн ницы {хадта йæ бирæ сырдтæй, уыдон: \ Топп —- ерæдзыпп, хъримаг, V Бæх —саулох бæхтæ... Мæнæ у^ш та мæгуыр цуанæтты сурæт: Дзабыр нæй, — æрчъитæ! Топп рæхсæнтæй баст, Пака худ нысчъилтæ, Сæр æхсырфæй даст... Куыд ма уа адонæй бæлвырддæр æмæ цыбырдæр зæ- гъæн? Къоста канд ныхæй-ныхмæ не ’вæры хъæздыг цуанæт- ты æмæ мæгуыр цуанæтты, — бæрæг у, мæгуырты фарс кæй у, уыдон хорз æй кæй фæнды, уый. Уыцы идейæтæ уыдис адæмон зарæджы бындуры дæр. Фæлæ йæ Къоста афтæ фæбæлвырд кодта, ахæм рæсугъд ныхæстæ æмæ нывтæ сарæзта, æмæ адæм сæхи зарæджы бæсты райс- той Къостайы «Всати» æмæ йæ абондæр ма зарынц. Æндæр хуызы, æндæр ахорæнтæй ахуырст у «Уæл- мæрдты». Амæн дæр йæ сюжетон бындур, куыд загъ- там, афтæ арæзт у ирон адæмон сфæлдыстады мотивтæм гæсгæ: Къоста спайда кодта бæхфæлдисыны тыххæй ирон адæммæ цы æмбисæндтæ уыд, уыдонæй, стæй нар- ты таурæгътæй «Сослан мæрдты бæсты», зæгъгæ, уымæй. Къостайы «уæлмæрдты» цы нывтæ æвдыст цæуы, уы- дон иу дуг кæнæ иу æхсæнадон формацимæ нæ хауынц. Уым зынынц мыггагон æмæ феодалон æхсæнады цаутæ, суанг капиталистон дуджы ахастдзинæдтæ дæр. «Уæлмæрдты» сæйраг идейæ у гæдыдзинад, да- вын, хахуыр кæнын, фæливын æмæ æндæр ахæм æвзæр миниуджыты ныхмæ хæцын. Иннæрдыгæй та адæммæ цы хорздзинæдтæ æмæ цы хорз миниуджытæ уыд, уыдонæй æппæлын æмæ уыдон царды фидар кæнын. Гиперболон хуызтæй пайда кæнгæйæ, Къоста æвди- сы алыхуызы фыдгæнджыты — давджыты, «сабийæ тау- бимæ» фарсласæн чи кодта, уыцы тæрхоны лæгты, гадз- рахатæй цæуджыты. Фæлæ дзыллæ се ’ппæт ахæм æв- зæргæнджытæ не ’сты, се ’хсæн уыди раст адæймæгтæ, кæрдзындæттон æмæ уазæгуарзонтæ, раст тæрхонгæн- джытзе. 39
Бинонты царды нывтæ «Уæлмæрдты» ахсынц зьшгæ бынат. Мæнæ лæг æмæ ус, галдзарм сæ быны тыд^ гал- дзарм сæ уæлæ, фæлæ сыл не ’ххæссы. Уыдон уабгæуыл кæрæдзи тыдтой, фидыд нæ зыдтой. Иннæ лæг æмæ усæн та тæрхъусдзарм сæ быны тыд, тæрхъусдзармТсæ уæлæ æмбæрзт — галдзармæй фагдæр. Адон цæргæ-цæрын уарзтой кæрæдзийы. / Бинонты царды мидæг кæрæдзийы уарзын æмæ кæ- рæдзийы æмбарын — уыд Къостайы идеал æмæ ам дæр æвдыст цæуы. Кæд Къостайы«Уæлмæрдты» бындур фантасти- кæйыл арæзт у, уæддæр дзы ис бирæ реалон нывтæ. Адæмон «бæхфæлдисыны» вариантты, стæй нарты кадджыты бирæ ис фантастикон элементтæ. Каей зæгъын æй хъæуы, Къоста уыдонæй спайда кодта, фæлæ Къоста йæ уацмыс бирæ фæхæстæгдæр кодта, цы дуджы царди, уыцы дугмæ, фæхъæздыгдæр æй кодта царды æцæг ныв- тæй. Архайды райдайæнæн Къоста сарæзта реалон ныв: Фезмæлæн нал уыдис абон нæ уæлмæрдты... Стырæй, чысылæй,— Уыйбæрц æрцæугæ нæма федтон иу ранмæ, Уыйбæрц æркæсгæ нæма федтон иу зианмæ Хохæй, быдырæй. Уыйбæрц бирæ адæм кæй мардмæ æрæмбырд, уыцы лæппуйы обрæз поэт æвдисы дзæбæх, кæд ыл бирæ дзырдтæ нæ хардз кæны, уæддæр. Æрмæстдæр æхсæз рæнхъы бахъуыд Къостайы, цæмæй чиныгкæсæг базона лæппуйы социалон уавæр, йæ зæрдæйы конд, йæ куыст- уарзондзинад, адæм æм цы цæстæй кастысты, уый: Иунæг лæппу йын уыд саугуырм зæронд фыдæн, Дарын æй байдыдта... Абон йæ сау сынтæн Бахъуыд йæ сагой! Кусынмæ диссаг, æфсымæр æмгаримæ, Уарзон хъæубæсты... Нæ хохæй Уæлладжырмæ Айхъуыст йæ хорз кой. Къостайы идеал кæддæриддæр уыд фæллойгæнæг, æмæ ам дæр æвдисы ахæм адæймаджы обрæз. ^Лæппу уыди куыстуарзон, йе ’мгæрттимæ царди хæларæй, адæм æй, бирæ уарзтой, фæлæ йæ царды цыбыр бонтæ арвыста мæгуырæй. 40
\ Адджын хæринагæй йе ’стонг нæ басаста, \ Усгур лæппуйау дзæбæхæн нæ раласта \ Цухъхъа йæ рагъæй... Ацы обрæз адæмон сфæлдыстадæй ист нæу. Уый у Къостайæн йæхи сфæлындгæ, райста йæ йæ дуджы цар- дæй. Ац^1 обрæз уацмысæн дæтты реалон ахаст. Бæхф^елдисæджы обрæз дæр поэт æвдисы бæлвыр- дæй. Адæймаджы цæстытыл уайы зæронд лæджы сурæт, уынæм ын йæ алы фезмæлд, хъусæм ын йæ алы ныхас: Мардмæ æрбахæстæг иу лæг... йæ цæстытæ Нал зынынц чъиуæй. Цæсгом нымпылдтытæ, зачъетæ урс-урсид, Тасæй йæ уæлæ хæлын худ, кæрцы къæрит... Дис кæнæм: чи у ай? Чъизи дæрзæг къухæй цæстысыг асхъаудта, Стæй дзы йæ зачъетæ тонæгау адаудта... Бæхфæлдисыны æгъдауы зыны адæмы философи мæрдты «царды» тыххæй. Уыцы философимæ гæсгæ, адæймаг зæххыл цы бакæны, хорздзинадæй дæр æмæ фыддзинадæй дæр, уый мæрдты фæфиды: кæд хорз хъуыддæгтæ саразы, хæларæй фæцæры адæмимæ, уæд мæрдты дæр вæййы хорз уавæры, кæд царды мæнгард вæййы, гадзрахат митæ фæкæны (фæдавы, фефхæры), уæд сæ мæрдты фыддæрæй фæфиды. Къостайы, кæй зæ- гъын æй хъæуы, нæ уырныдта уыцы идеалистон филосо- фи, уый зыдта, мæрдтыбæсты цард кæй нæй, фæлæ адæ- мон поэзийы традицитæм гæсгæ ныффыста «Уæлмæрд- ты». Адæмон сфæлдыстады куыд у, афтæ Къостайы уац- мысы дæр ис дыууæ царды — иу зæххон цард, реалон цард, иннæ та мæрдты бæсты цард. Мæрдты бæсты адæймаджы цард æмæ митæ айдæны зынæгау сæхи æвдисынц. Мард лæппу йæ фæндагыл цы диссæгтæ уыны, уыдон æвдисынц æцæг царды нывтæ æмæ цаутæ, мæрдтæй уæлæуыл чи цы гæнæг уыд, уы- дæттæ. Кæд «Уæлмæрдты» мидæг нæй вазыгджын обрæзтæ, кæд архайджытæн парахат характеристикæтæ лæвæрд нæ цæуы, уæддæр йæ комлозицион арæзтмæ гæсгæ у æх- хæст фæуд: мард бахæццæ ис Барастыры размæ, лæг фæци йæ ныхас. Адæм æрбадтысты мæгуыры .хæрнæгыл, Устытæ ма уæддæр судзаджы уæлмæрдыл Хъарджытæ уагътой,., 41
«Уæлмæрдты» фысгæйæ Къоста пайда кодта адæмои æвзагæй. Ацы уацмысмæ уый бахаста бирæ ахæм дзырд- тæ, уæды онг ирон литературæйы пайдагонд чи нæмаууы- дис, фæлæ хæххон адæмы царды уавæрты чи æмрæлд æмæ сын сæ царды ахаст чи æвдыста. Ахæм дзырдгаз ра- в нымайæн ис: сынт, æфсургъ, нагъæй æфтаугæ, хæрхидон, чъепс, фæлгæтæг, æхсæрдзæн, къуыстил, цæхгæр, тæскъ æмæ æндæртæ. Къоста арæхстджынæй пайда кæны ирон адæмы сфæл- дыстады поэтикæйæ: эпитеттæй, абарæнтæй, гиперболæ- тæй, æвастхъæртæй. Мæнæ иу-цалдæр примеры: Эпитеттæ: «зачъетæ урс-урсид», «саугуырм зæронд фыд», «чъизи дæрзæг къух», «сызгъæрин æфсургъ», «бо- лат æндон цæфхæдтæ». Абарæнтæ: «Нарæг йæ астæу чындздзон чызгау бал- вæста», «мады хъæбысау дын адджын уæд ацы зæхх», «стонг бирæгъау дæм лæбурдзæн йæ дæндæгтæй» æмæ афтæ дарддæр. Гиперболæтæ: «Урс æхсыр къуыстилтæй хохыйас цæхгæртæм иу ус фæрсудзы. Гас къæртайы дзаг ыл карз ахсæн аскъæры- — Карчы нæмыджыйас цыхт ын дзы равзæры»... Фарстон æмæ сидтон хъуыдыйæдтæ: «Хъал митæ кæ- нын лæппуйы та ценнæ уыд?», «Исчи йæ федта цы хæ- цæнгæрзтæ даргæ ныры онг?», «Никуы мæ ницы! — нæй дзы дæу аккаг бæх!», «Уæ хуыцæутты-хуыцау!» æ. æнд. «Лæскъдзæрæн» фыст у ирон аргъæутты сюжеттæм гæсгæ. Къоста ирон аргъæуттæн райста сæ хуыздæр хъуыдытæ, йæ поэтикон куыройы сæ æрыссадта æмæ сын сæ цъæмæл асыгъдæг кодта, сæ хъаймагъ сын райста. «Лæскъдзæрæн» рауадис диссаджы уацмыс, дунейы хуыздæр поэтикон уацмыстимæ æрæвæрæн кæмæн ис, ахæм. Аргъауæй ма дзы баззад «уæйыг», фæлæ уый дæр йæ уаг æмæ йæ митæм гæсгæ у хъæздыг фосджын лæджы обрæз — зыд æмæ æнæфсис, бухъзæрдæ æмæ схъæлдзырд адæймаджы обрæз. Уацмысы бындурон идейæ æвдисы царды æцæгдзинад — мæгуыр æфхæрд фиййау æмæ фосджыны тох, фиййауы фæуæлахиз. Фиййауы обрæз у поэты идейон-эстетикон идеал. . Æркæсæм ма мæнæ цы хуызы æвдисы поэт йе ’нæ- уарзон хъæздыг фосджыны сурæт, йæ характер. 42
Адæммæ кæм нæу фыд-зæрдæ 1 Иуцæстон сæтой! — Хоры къутуйау йæ тæнтæ, Бинаг был кæфой. Фос цæуæт кæнын нæ уагъта, — Алы бон хæргæ! Ацы цалдæр рæнхъы поэт æвдисы уæйыгæн йæ фыд- зæрдæ, йæ зыд. Уыцы миниуджытæм гæсгæ у йæ конд, йæ уынд дæр. Дарддæр хицæн стихтæй ноджы æргомдæр кæны Къоста уæйыджы характер: уый у расыггæнаг, схъæлдзырд «бухъхъытæ кæнгæ, загъдæмхæст фиййауæй хъазы». Фиййау куы сразы уæйыджы дзырдæн дзырд арыныл, уæд уæйыг фырцинæй бахудт, уæдæ йæ басæтдзынæн, æмæ фос иууылдæр мæхи уыдзысты, зæгъгæ. Адон бæрæг кæнынц поэты цæстæнгас уæйыгмæ, æнæ- уынон ын кæй у, уый. Мæгуыр фиййауы тыххæй та поэт дзуры уарзгæйæ («нал уыд мæгуыр лæг йæ сæрæн, удхарæй йæм мард», «махон дзы йæ сæфт ссардта, байсысти йæ туг», «фер- вæзт лæг... Иæ фос æртардта... ис æм ныр йæ фаг» æ. æнд. ах.). Ацы дзырдтæ æвдисынц, поэт фиййаумæ уар- зон цæстæй кæй кæсы, уый. V Къоста литературæйы æмæ æвзаджы тыххæй цы ны- хæстæ æмæ цыбыр фиппаинæгтæ ныууагъта, уыдон æв- дисынц литературæ æмæ литературон æвзаг саразыныл куыд æнувыдæй куыста, уый. Уацмысæн йæ идейондзинад бæрзонд æвæргæйæ, Къоста стыр аргъ кодта уацмысы аивдзинадæн, йæ поэ- тикон арæзтæн. Къостайы æмдзæвгæтæ бæрæг дарынц сæ бæлвырд æмæ бæстон хъуыдыйæ. Хъуыдыйæдтæ арæзт сты хуы- мæтæг, æнцон æмбарæн хуызы, адæм сæ куыд дзурынц, афтæ. Къостайы синтаксис вазыгджын нæу. Къоста ар- хайдта, цæмæй хъуыдытæ уыдаиккой бæлвырд æмæ зæр- дыл æнцон бадарæн. Къоста тынг хорз сахуыр кодта ирон адæмон сфæлдыстады æвзаг æмæ поэтикæ. Уый ирон æвзагæй иста ахæм дзырдтæ, йæ хъуыды йын раст- дæр, бæлвырддæр æмæ хуыздæр чи æмбарын кодтаид. Фэрлæ Къоста канд цæттæ дзырдтæй нæ пайда кодта. 43
Ирон æвзаджы рæзты закъонтæ хорз бамбаргæйæ, уый арæзта ног дзырдтæ, æмæ афтæмæй хъæздыгдæр кодта ирон æвзаджы дзырдуат. Къоста йæхæдæг кæй сарæзта æмæ ирон литературон æвзагмæ кæй бахаста, уыцы дзырдтæ бирæ сты («фæсном», «фæсфæстæгтæ», «фос-ны- мад», «дæргъæрфыг», «мæрдæрцыд», «дæрдбæлццон», «цардбæллон», «лæджыхъæдджын», «ирæдис» »æмæ аен- дæртæ). Къоста ирон литературон æвзаг хъæздыг кодта уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдтæй дæр («кас», «сал- дат», «къазарма», «службæ» аемæ æндæртæ). Цæмæй йе ’мдзæвгæтæ аивадон æгъдауæй тыхджын- дæр уой æмæ зæрдыл хуыздæр лæууой, уый тыххæй Къоста арæх пайда кæны троптæй — фæсномыг дзырд- тæй. Зæгъæм: «О, мæ хуры хай», «урс уæрыкк дын уон», «фæцыдтæ мæгуыртæн ’фиййау» æмæ æндæртæ. Адои сты метафорон хъуыдыйæдтæ, уымæн æмæ комкоммæ æмба- ринаг не ’сты — «мæ хуры хай» хоны йæ уарзон чызджы, «фæцыдтæ мæгуыртæн фиййау», зæгъгæ, уый дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, комкоммæ æмбаринаг нæу. Къоста абарæнтæй зоны тынг хорз пайда кæнын, абарæнтæм гæсгæ йæ хъуыды, йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ фæаивдæр кæны, æмæ фæвæййынц æнцондæр æмбарæн: «Калмау мын мæ риу судзгæ баууылдта» («Фесæф»), «Зындонæй фыддæр нæ цæрæн» («Алол-лай»), «Дæ ма- дау бауарзтай нæ бæстæ» («Марды уæлхъус»), «Лæджы æмбæрц æруары мит» («Мæгуыры зæрдæ»), «Мæ цæсты- сыг донау мызти» («Ракæс!»). Къостайы поэзи эпитеттæй у хъæздыг. Уыдон сты алыхуызон: чи сæ ныв æвдисы, чи — архайæджы уаг, чи — архайды уавæр. Мæнæ дзы иукъорд: «сусæг хъæр- зын», «симгæ кафт», «рæвдыд ныхас», «рухс цæстæнгас», «зæрдæхалæн хъарæг», «сау хъæмп», «худгæ хур», «сау- гуырм зæронд», «дарддзæст лæппу», «тыхст зымæг». Къоста дæсны пайда кодта йæ поэзийы гиперболæйæ æмæ литотæйæ, уыцы аивадон мадзæлттæ парахатæй сты «Уæлмæрдты» æмæ «Лæскъдзæрæн»-ы. Къоста ирон литературон æвзагмæ бахаста бирæ афоризмтæ: «Коммæгæсы ма цæв, мастæн æй хæсдзæн», «Куыст цардæн фæрæз», «Дæ фыдæлтæ рухсаг, дæхæдæг мын бæзз», «Лæппуйæ рæдиаг нæ вæййы æвзæр» æмæ æндæр бирæ ахæмтæ. Адон сысты адæмæн æмби- сæндтæ. Къостайы поэтикон дæсныдзинад абон дæр ма дисы 44
æфтауы не ’ппæты дæр, фæлæ уый бæстон ахуыргонд нæма у, йæ поэтикон сусæгдзинæдтæ æргомгонд нæма сты. Къостайы æлвæст æмæ хæрзаив æмдзæвгæтæ кæс- гæйæ, нæ зæрдæ уыйбæрц барухс вæййы, царды æцæг нывтæ æмæ цаутæ нын нæ зæрдæ афтæ фæцагайынц æмæ фенхъæлæм: адон æрдз йæхæдæг афтæ скодта, адон цард райгуырын кодта афтæ рæсугъдæй. Уый æцæг у, фæлæ æцæг у, Къоста сæ кæй арæзта афтæ рæсугъд, æмæ Къостайы поэтикон дæсныдзинад сахуыр кæнын кæй хъæуы, уый дæр. Ирон литературæйы æмæ æппæт культурæйы истори- йы мидæг тынг егъау у Къостайы ахадындзинад. Нудæ- сæм сæдæйы 80-æм азты, суанг 1903 азы онг, ирон адæ- мы историйы нæ уыди иу ахæм къабаз дæр, иу ахæм зынгæ хъуыддаг дæр, Къоста йæ ныхас кæуыл нæ загъта. Къоста у ирон литературæйы бындурæвæрæг, ирон реалон поэзи сфæлдисæг. Къостайы агъоммæ ирон æвза- гыл æмдзæвгæ фыссынæн ницы бæрæг системæ уыд. Къоста адæмон сфæлдыстады поэтикæйы бындурыл, уы- рыссаг номдзыд поэтты фæлтæрддзинадæй пайда кæн- гæйæ, сарæзта ирон æмдзæвгæтæ фыссынæн бæлвырд системæ, силлабо-тоникон системæ, Фæлæ Къостайы сил- лабо-тоникон системæ нæу, иннæ æвзæгтыл куыд у, ком- коммæ ахæм, уыцы системæйæн ис ирон национ ахадын- дзинад, (алыхуызон сæ уæнгты нымæцмæ гæсгæ, сæ риф- мæты хуызтæм гæсгæ, сæ строфикон арæзтмæ гæсгæ), уыдон сæ хъуыдыты бæлвырддзинадмæ æмæ аивдзинад- мæ гæсгæ абон дæр сты фæзминаг. Къоста ирон литературон æвзагæн æрæвæрдта фидар бындур. Къостайы æвзаг дарддæр рæзын кодтой иннæ ирон фысджытæ, æмæ ссис ирон æвзаджы диалектты æх- сæн иумæйаг литературон æвзаг. Къостайы ахадындзинад уымæй стыр у, æмæ уый, уырыссаг революционерты фæдон, фæллойгæнæг адæмы æхсæн парахат кодта сæрибар уарзыны хъуыдытæ, дзыл- лæйы номæй арæзт тырысайы бын размæ, рухсмæ æнго- мæй цæуыны идейæтæ. Къоста уыд сæрибары фидиуæг, ирон адæмы хæххон стъалы, сæ сæууон хуры тын, сæ 45
зæрдæты сын ныфс чи уагъта, сæ сæрты — зонд, сæхи сын чи бамбарын кодта æмæ сæ йæ фæдыл размæ чи кодта, уыцы адæймаг. Къоста скодта йæхицæн бирæ фæдонтæ, æмæ уыдон дарддæр рæзын кодтой ирон литературæ, хастой йæм ног хъуыдытæ, ног обрæзтæ. Къоста тынг уарзта йæ райгуырæн бæстде, нæ йын кодта æвгъау йæ зонд æмæ йæ хъару, суанг йæ цард дæр. Уыцы уарзондзинадæн фæллойгæнæг адæм дзуапп лæвæрдтой егъау уарзондзинадæй — схуыдтой йæ сæ ахсджиаг хъæбул, æмæ йæ æрвылбон сæ зæрдыл дарынц.
ГÆДИАТЫ СЕКЪА I 1905 азы Дзæуджыхъæуы Шуваловы типографийы мыхуьЪры рацыд «Ирон фиййау» — Гæдиаты Секъайы æмдзæвгæты æмбырд. Ацы чиныг мыхуырмæ цæттæгонд æрцыди раздæр. 1902 азы августы Кавказы цензурон комитетмæ (Калакмæ) æрвыст æрцыд «Ирон фиййау»-ы къухфыст мыхуыры рауадзынæн бар раттыны уагыл. Мах бæлвырд нæ зонæм, «Ирон фиййау» мыхуыры цы хуызы рацыд, цензурæйы комитетмæ дæр уыцы хуызы æрвыст æрцыд æви ма дзы æндæр æмдзæвгæтæ уыди, уый. Бæрæг у æрмæст: къухфыст бирæ рахау-бахау фæ- кодта рецензент агурæг æмæ йын фæстагмæ, 1905 азы ноябры, бар лæвæрд æрцыди. Афтæ фæзынди ирон литературæйы ног поэт Гæдиаты Секъа. Уæдæй фæстæмæ йæ хицæн æмдзæвгæтæ, тау- рæгътæ æмæ публицистикон уацтæ мыхуыргонд цыдысты периодикон мыхуыры — «Ирон газет» (1906 аз), «Ног цард» (1907 аз), «Зонд» (1907 аз), «Æфсир» (1910 аз), «Хуры тын») (1912 аз), «Чырыстон цард» (1911 — 1916 азты). 1922 азы альманах «Малусæджы» мыхуыргонд æрцыд Секъайы зынгæ радзырд «Азау». Фæстæдæр Се- къайы уацмыстæй иукъорд бацыдысты Цæгат æмæ Хус- сар Ирыстоны хрестоматитæм, æмæ сæ скъолаты ахуыр кодтой. Фæлæ кæд скъоладзаутæ зыдтой Секъайы хицæн уац- мысты, уæд ирон чиныгкæсæг дзыллæйæ уый зæгъæн нæй: нæ уыд фадат Секъайы уацмыстæ кæсынæн, уыдон фидар æхгæд уыдысты архивты, рыгæйдзаг чырынты, мыхуыргонд нæ цыдысты хицæн чингуытæй. Уый уымæи афтæ уыд, æмæ Секъайы литературон бынтæ (фылдæр уыдысты къухфысты) фаг бæлвырд æмæ ахуыр нæма 47
уыдысты, йе ’сфæлдыстады тыххæй хæрз цыбыр статьяты йедтæмæ ницыма фæзынди, йæ царды цаутæ дæр фаг бæрæг нæ уыдысты, цалынмæ йæ фырт Цомахъ 1929 азы Хæххон педагогон институты ахуырадон уацты статья иæ ныммыхуыр кодта Секъайы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй, уæдмæ. Фæлæ уыцы критикон статья дæр æгъгъæд нæ уыд Секъайы сфæлдыстад ахуыр кæныны тыххæй. Секъайы къухфыстыты хъуыд æрæмбырд кæнын, мыхуырмæ ба- цæттæ кæнын. Уыцы хъуыддаг йæхимæ райста Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæг институт, æрæмфлрд ын кодта йæ къухфыстытæ. Уыдон хорз сбæлвырд æмæ сбæстон кодта фыссæг Коцойты Арсен, йæхи къухæй сæ сыгъдæг, æнцон æвзарæн почеркæй рафыста. Фæлæ уæддæр хи- цæн чиныгæй сæ рауадзыны хъуыддаг къуылымпы кодта. Секъайы æвзæрст уацмыстæ фыццаг хатт хицæн чиныгæй мыхуыры рацыдысты Цæгат Ирыстоны рауагъдады 1947 азы, Хуссар Ирыстоны та— 1950 азы. 1959 азы та уым ногæй рацыдысты Секъайы равзаргæ уацмыстæ, таурæгъ- тæ æмæ æмбисæндтæ, драмон этюдтæ æмæ публицисти- кæ, прозæйæ фыст æмдзæвгæтæ æмæ писмотæ. Ацы чи- ныг у иннæ чилгуытæй бирæ æххæстдæр, æмæ, кæй зæ- гъын æй хъæуы, ирон чиныгкæсджытæн иттæг æхсызгон уыд Секъайы уацмыстæ афтæ æххæстæй бакæсын, кæд чиныджы хъæнтæ æмæ хъуагдзинæдтæ ис, уæддæр. Гæдиаты Секъа райгуырди 1855 азы Хъуды комы Га- нисы хъæуы. Секъайæн нæ уыди йæ сабийы бонты скъо- ламæ бацæуыны фадат. Скъолайы бæсты йæ сабийы бонтæ арвыста хæххон æвадат æмæ зын уавæр- ты. Иннæ хæххон сывæллæттимæ Секъа куыста Арвы комы стыр фæндагыл: къæдзæхтæ къахтой, æмбырд код- той дуртææмæ хуыр, зымæгон уазал тымыгъ бонты фæн- даг сыгъдæг кодтой митæй. Æмæ уыцы уæззау куысты- тæн истой хæрз чысыл мызд. Секъайы хуызæн мæгуыр хæххон лæппутæ цы «скъо- латы» ахуыр кодтой, цы уæззау куыст кодтой, уый фæс- тæдæр Къоста хорз равдыста «Дурсæтджытæ», зæгъгæ, йæ уыцы диссаджы нывы. Секъайы фыд Куыцыри сфæнд кодта, йæхæдæг цы талынг æвадат цард кодта, уымæй йæ фырты фервæзын кæнын, кæд уый æнцон хъуыддаг нæ уыд, уæддæр. Хъуды комы фæзынди, Куыцырийæн зонгæ чи уыд, ахæм гуырдзиаг сауджын. Куыцыри баныхас кодта уы- 48
ды сауджынымæ, æмæ йын йæ фынддæс аздзыд фырты ахуыр кæнын байдыдта. Ахуыр æй кодта гуырдзиагау, фылдæр дины чингуытыл. Æртæ азмæ уыйбæрц кæсын æмæ фыссын базыдта Секъа, æмæ 1872 азы экзамин слæ- вæрдта псаломщичы бынатмæ. Бынат дæр ын радтой Хъуды комы аргъуаны. Иу-дæс азы бæрц бакуыста Секъа уыцы бынаты, фæлæ йæ мызд афтæ чысыл уыд, æмæ ницы хуызы фаг кодта йæ бинонты фæдарынæн. Псаломщикæй кусгæйæ, Секъа иудадзыг дæр кодта зæх- хы куыст. Иæ фырт Цомахъ куыд фыссы, афтæ Секъа хид æмæ тугкалгæйæ, йæ хъæбæр хоры кæрдзын къахта йæ зæххы гæппæлæй. Нæдæр аргъуаны службæ, нæдæр зæххы куыст ницы фæрæз лæвæрдтой царды мадзæлттæ фæхуыздæр кæны- нæн, æмæ 1882 азы Секъа йæ бинонтимæ ралыгъди Цæ- гат Ирыстонмæ амондагур, зæхх ссарын æнхъæл. Фæлæ уыцы рæстæджы Цæгат Ирыстоны кæвдæсауы дæр æв- дæлон зæххытæ нал уыд, аренды исгæйæ та зынаргъ уыд зæххы хай, æмæ та йæ ног бынаты дæр бар-æнæбары Секъа ныллæууыд псаломщик. 30 азы бæрц феслужбæ кодта уыцы бынаты хъæуи-хъæу зилгæйæ, (Хъахъæдуры, Бæтæхъойы хъæуы, Джызæлы, Санибайы). Куыд æнæбары кодта уыцы куыст, куыд зынтæй ард- та йæ бирæ бинонтæн царды фæрæз, уый Секъа æвдисы йæ уацмысты. «Æнусы кæстæр», зæгъгæ, йæ иу æмдзæв- гæйы поэт, хъарæггæнæгау, фыста: Уæрдонджын, сугдзауæй — мæ цард, Мæ бонтæ ’рвитын æз зынтæй. Мæ зæрдæ сагъæстæй æнкъард, — Хъæлдзæг нæ фæкæны фынтæй. «Цæмæн дæн адæмæй фыддæр» — фæрсы Секъа, йæ- хиуыл кæуæгау, ацы æмдзæвгæйы. «Иунæг», зæгъгæ, йæ биографион поэмæйы та фыста: Хъæуи-хъæу цæргæ Иры кæвдæсы, Фылдæр-иу кæугæ, — Ныр дæр æй мысы. Кæмæн-иу дондзау, Кæмæн — сугсæттæг. Кæмæн — æргъомдзау, Кæмæн — дурдæттæг. Ацы поэмæйы, стæй иннæ уацмысты дæр Секъа рав- дыста царды æцæгдзинад, фæллойгæнæг адæмы цард. 4 Цард æмæ моэзи 49
Йæхæдæг дæр уыди уыцы фæллойг’æнæг адæмæй, царди уыдоны цардæй. Фæллойгæнæг зæхкусджытимæ баст кæй уыд, уый фæзынд Секъайæн йе ’сфæлдыстадыл дæр — хæцыди сæ фарс, хъахъхъæдта сын сæ бартæ, се ’фхæр- джытæ уыдысты йе ’нæуынон, фæллойгæнджытæм касти уарзон цæстæй. Фæлæ Секъа баст уыд дины службæгæнджытимæ дæр, æххæст сын кодта сæ домæнтæ, кæд æй æфхæрдтой æмæ йæ ныллæг бынæтты æвæрдтой, уæддæр. Дины кус- джытимæ баст кæй уыди йе службæмæ гæсгæ, уый дæр æнæмæнг фæзынд Секъайы сфæлдыстадыл, уæлдайдæр йæ царды фæстаг азты: 1910 азы Дзæуджыхъæуы куы æрцарди æмæ дины кусджыты хистæри^æ æмбæлын куы байдыдта, уæдæй фæстæмæ. Иукъорд уацмысы ныммы- хуыр кодта 1911 азæй 1915 азы онг иры сауджынтæ цы журнал уагътой «Чырыстон ца|эд», зæгъгæ, уым. Секъа амард 1915 азы 21 июлы Дзæуджыхъæуы. II. Гæдиаты Секъайы литературон бынтæ чысыл не ’сты. Секъа фыста æмдзæвгæтæ æмæ æмбисæндтæ (баснятæ), таурæгътæ æмæ дьесæтæ; æмбырд кодта уыци-уыцитæ, хъазæн ныхæстæ æмæ аргъæуттæ. Секъа фыста публи- цистон статьятæ дæр, куыста ирон адæмы историйы иуæй-иу фарстатæ сбæрæг кæныныл дæр, уый адыл гуыр- дзиаг рагон чингуытæй иста æрмæг æмæ сæ ивта ирон æвзагмæ. Кæд райдыдта Гæдиаты Секъа фыссын? Ацы фарс- тæн комкоммæ дзуапп раттын зын у, уымæн æмæ Секъа йæ уацмысты бын датæтæ не ’вæрдта, мыхуыры та, куыд загътам, афтæ фæзындысты æрмæстдæр 1905 азы æмæ уый фæстæ. < Цомахъ куыд зæгъы, афтæ Секъа фыссын райдыдта æвдайæм азты. Уый, дам, уымæй бæрæг у, æмæ уæд цы уацмыстæ фыста Секъа, уыдоныл Къостайы тæваг нæма зыны, уыдон, дам, фыст сты ирон адæмон сфæлдыстад- мæ гæсгæ. Цомахъы ныхасыл сразы уæвæн ис. Секъа чиныджы кæсын æмæ фыссын базыдта 1870— 1872 азты, æмæ уæдæй фæстæмæ, чи зоны, фыстаид, æмбырд код- таид адæмон таурæгътæ, æмбисæндтæ, фæлæ æцæг сфæлдыстадон æгъдауæй фыссынмæ фæстæдæр кæй 50
бавнæлдтаид, уый дæр дыэæрдыккаг нæу. Къостайы уац- мысты тæваг тынг зыны Секъайы сфæлдыстадыл, афтæ зæгъæн ис: уыдон ын ссудзын кодтой йæ риуы сфæлдыс- тадон арт. Ацы хъуыддаджы тыххæй мæнмæ гæсгæ раст фыссы Джусойты Нафи. «Зæрдиаг, иудадзыгон сфæлдыс- тадон куыст Секъа райдыдта XIX æнусы тæккæ кæрон æмæ XX æнусы тæккæ райдайæны, революцион азты агъоммæ, Къостайы поэзийы тыхджын æндæвд, тæвагмæ гæсгæ».1 Æцæгдæр, йæ хуыздæр æмæ йæ фылдæр уацмыстæ уыцы рæстæг æмæ уæдæй фæстæмæ кæй ныффыста, уый дызæрдыккаг нæу. Хæххон адæмы мæгуыр æмæ тыхст царды нывтæ, фæллойгæнæг адæмы бæллицтæ сты Секъайы поэзийы ахсджиагдæр мотивтæ. Фæллойгæнæг адæмы хъысмæт стыр бынат ахсы Секъайы сфæлдыстады. «Мæгуыры зæрдæ», зæгъгæ, йе ’мдзæвгæйы поэт фыссы: Мæгуыр лæг куыстæн дæр Нæ зоны фæрæз... Иæ сæрæй фæуæлдæр Йæ хъалон, йæ хæс. Æххормаг — йæ зæнæг, Хæрз бæгънæг — йæ ус; Фырмæстæй йæхæдæг Ие ’сджытыл ныххус. Поэт арæхстджынæй пайда кæны фæсномыг ныха- сæй. Райгуырæн бæстæ куыд æфхæрд уыд, алчидæр ыл йæ тых куыд æвзæрста, уый хорз æвдисы «Мæ бæлас», зæгъгæ, уыцы аллегорион æмдзæвгæйы. Поэт фыссы: Сæрды ’нтæф дæ куы судзы, Зымæг ихау ныссæлыс, Тыгъды зæй дыл фæрсудзы, — Цонг, къабазгай ызгъæлыс. Иуыл де ’ккой куы бадынц Каркæй, цъиуæй, цæргæсæй; Дæ бындзæфхад дын къахынц 1 Нафи Джусойты. Сека Гадиев, Сталинир, 1958, ф. 9. 51
Хуыйæ, бæхæй, хæргæфс&п, Мæлдзыг дæр дыл ысхилы, Уый дæр йæ тых æвзары, Йæ сау бырынкъ ыстилы, Дæу фыдæбонæй мары. Поэтæн хъыг у, бæласы обрæзы кæй æвдисы, уыцы райгуырæн бæстæ—,Ирыстон йе ’фхæрджытæн афтæкæй бары, кæй сын ницы зæгъы, уый. Æфхæрдæн барæн нæй, æфхæрды ныхмæ тох кæнын хъæуы, — ацы хъуыды Се- къайæн йæ поэзийы дæр æмæ йæ прозæйы дæр ахсы стыр бынат, æмæ ма ууыл ныхас уыдзæн, æндæр æмдзæв- гæтыл æмæ радзырдтыл дзургæйæ. Секъа иукъорд æмдзæвгæйы æвдисы райгуырæн бæс- ты фæлгонц обрæз, пейзаж. Хæхбæсты ныв бæлвырд æмæ тар ахорæнтæй раст фæлындгæйæ, поэт æвдисы хæхты æнкъарддзинад: Æнцадæй æрбахъуызынц мигътæ нæ арвыл, Æнцадæй нæ хæхтыл æрбадынц уæззау... Нæ арв-иу къуыригай йæ мигътæй фæкæуы нæ цардыл, Нæ хæхтæ дæр уадзынц сæ цæссыг, мæнау. («Æнкъард хъуыды»). «Фыды бæстæ», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæйы дæр хæх- тæ сты тар, суанг ма фугæйы къутæртæ дæр дымгæйæн дзурынц «сæр къулгæнгæйæ, сæ хъасты ныхæстæ». Поэт дзуры йæ фæндырмæ, цæмæй йын уый æрцæгъ- да, радзура йын æнæзæхх, æнæдонæй куыд цардæуа, уый тыххæй: Радзур, цæй, куыд цæрæм Æнæзæхх, æнæдон? Цы дарæм, цы хæрæм? — Ыскъуыдтæ нæ хæдон. («Ныры дуджы нард»). Ахæм тыхст уавæрты сæ цард æрвыстой фæллойгæ- нæг мæгуыр адæм. Уыцы мæгуыр царды тыххæй æргом дзурæн нæ уыди, паддзахы цензурæ йæ нæ уагъта æвди- сын. Уымæн фыссы поэт: «цы зæгъæм, цы дзурæм — нæ дзыхы къæбæлтæ», зæгъгæ. Секъа æмбæрста, поэты хæс цардмæ хæстæг бацæуын кæй у, адæмы цард фæхуыздæр кæныныл зарын кæй ’хъуыд, уый æмæ дзырдта йæ фæндырмæ, цæмæй уый за- ра цардыл, æвдиса царды рæстад, куыд у, афтæ. 52
Секъа æмбæрста Хетæгкаты Къостайы стыр ахадын- дзинад ирон адæмы царды. «Нæ талынг бæстæн у йæ цæлхыдзаг мæй, йæ рухсæй æрттивы нæ сау хох-бæс- тæ», — фыста Секъа Къостайы тыххæй «Фæдис», зæгъ- гæ, йе ’мдзæвгæйы. Фæллойгæнæг адæмы зын æмæ тухи цард æвдисгæйæ, Секъайы уырныдта, рæстæг иудадзыг афтæ кæй нæ уы- дзæн, хуыздæр рæстæг кæй æрцæудзæн. Ирон æмби- сонд куыд зæгъы «фыдлæг æмæ фыдбон бирæ нæ хæс- сынц», афтæ Секъа дæр хъуыды кодта æмæ æнхъæлмæ касти хуыздæр рæстæгэдæ, сæрибар дугмæ.; Уыцы хъуы- дытæ тыхджындæр кодтой 1905 азы революцийы уылæн- тæ дардыл куы анхъæвзтой, уый хæдразмæ. «Къæвда», зæгъгæ, йе ’мдзæвгæйы поэт фыссы: Уырны мæ, фыццаг, Æрцæудзæн рæстæг! Нæ хъæлæсы дзаг Ныззардзыстæм уæд... Уырны мæ, хæстæг у Ныр ахæм рæстæг: Къæвдайы фæстæ-иу Кæны хорз рæстæг!.. Мигъты ’хсæнты поэт уыдта сæрибары хуры тынтæ, уыдон ын йæ зæрдæ кодтой рухс, лæвæрдтой йын ныфс. «Къæвда» у Секъайы хуыздæр æмдзæвгæтæй иу, ацы æмдзæвгæйы поэт æвдисы йæ уырнындзинад, фидæны хуыздæр цард кæй æрцæудзæн, ууыл. Поэты фæнды фæллойгæнæг адæмы сæрибар æмæ амондджынæй фенын. Иæ идейон-эстетикон идеалтæм гæсгæ Секъайы хуыз- дæр æмдзæвгæтыл нымаинаг у «Чермен» дæр. Чермен у адæмон хъæбатыр, тар млазон азты æфхæрд лæджы бартыл чи сдзырдта, зæхджынты ныхмæ тохы чи бацыд. Цавæр миниуджытæн кæны поэт стыр аргъ Чермены зарæджы? Фыццаджыдæр хъæбатырдзинад, ныфсджын кæй у, æдасæй æлдæртты зæххытæ кæй афæлдæхта, со- циалон карз тохы кæй бацыд, уыцы миниуджытæн. Уы- дон сты поэт цы уарзы æмæ цæмæ бæллы, ахæмтæ; Чер- мен у поэты идейон-эстетикон идеал. Адæмон сфæлдыс- тады традицитыл хæцгæйæ, Секъа йæ геройы тыхджын кæны гиперболон ахорæнтæй: Тыладтаты бадомдта, Тарстысты-иу нæ койæ, — лЛ
фыссы поэт йæ зарæджы. Кæд Чермен æцæг ахæм нæ уыди царды, уæддæр æй Секъа йæ зараджы афтæ хъæ- батыр æмæ уæлахизæй æвдисы, уымæн æмæ уый уыд йæ бæллиц, йæ фæндиаг. Æмдзæвгæйы идейон тых уый уыд, æмæ зæхкусджыты се ’лдæртты ныхмæ тохмæ кæй ами- дин кодта, сæрибармæ сын фæндаг кæй амыдта. Сæрибар уарзыны хъуыдытæ поэт дзуры йе ’мбисæнд- ты дæр. «Сæгъ æмæ сычъи», зæгъгæ, уыцы æмбисонды Секъа бæлвырд æвдисы сæрибаруарзон хъуыдытæ. Сæгъ сычъийæн уайдзæф кæны, хæхтыл дзæгъæл хæтынæй уыйбæрц цы ’нхъæл дæ, фæлтау мемæ цæр дзæбæхæй, зæгъгæ. Сычъи мæстыйæ зæгъы, ды ахст дæ, æз та сæ- рибар: Уадз мæ, ме ’фсымæр, сæрибар хæтон. Ахæсты бæсты фесæфон бынтон! Ахæм сæрибаруарзон хъуыдытæ чысыл нæй Секъамæ. Йæ хуыздæр æмдзæвгæты дзуры фæллойгæнæг адæмы хъысмæтыл, æвдисы сын сæ тухитæ, сæ бæллицтæ. Поэт арæхстджынæй æвдисы йæ фыдыбæсты æрдз, хæхбæсты пейзаж. Уыимæ Секъайæн йæ пейзаж адæмæй иппæрд нæ вæййы, хæхбæсты нывтæ февдисынц адæмы зæрдæйы æнкъарæнтæ, арæхдæр се ’нкъард, се ’рхæндæг зæрды- уаг. Моралон-этикон фарстатыл поэт дзуры йе ’мдзæвгæ- ты дæр, фæлæ уыдон парахатдæрæй æвдыст цæуынц йæ басняты. Йæ басняты Секъа æргом кæны, йæ рæстæджы адæймаджы зондахасты цы сахъæттæ уыдис, уыдон — зыд æмæ кæрæф, гæдыдзинад æмæ цæстмæхъус митæ. Секъа хурмæ хæссы уæды æхсæнады алыхуызон цъам- марты, гадзрахатæй цæуджыты, дзыллæты бартæ ссæнд- джытæ; адæмы зæрдæты тыхджын кæны демократон- прогрессивон хъуыдытæ. Иу-дыууæ ныхасы ма зæгъдзыстæм Секъайы поэти- кон аивады хицæн миниуджыты тыххæй. Мах зонæм, Къостайы поэзийæн уыди дыууæ гуырæ- ны, равзæрди дыууæ рæсуг суадонæй. Уыцы дыууæ суа- донæй иу уыд ирон адæмон сфæлдыстад, иннæ уырыссаг поэзи. Уыцы дыууæ æвидигæ суадонæй иу нæ уæвгæйæ, Къостайы поэзи нæ уыдаид афтæ оригиналон, афтæ нрд &мæ рæсугъд. Къостайы «Ирон фæндыр» ирон адæмы æрыхъал код- Г)\
та, базонын сын кодта чиныджы ад, фыст поэзийы стыр хъару. Къостайы фæстæ фыссын чи райдыдта, уыцы ирон поэттæй иу дæр «Ирон фæндыр»-ы иуфæрсты нæ ацыд æмæ ацæуын йæ бон дæр нæ уыди; уыдонæй алчидæр бавзæрста Къостайы поэзийы тæваг, Къоста йын уыдис поэзимæ гæпп кæнæн трамплин, чи цæйбæрц агæпп код- таид, уый та йæхи тых æмæ хъарумæ гæсгæ уыд. Къостайы иу фæрсты нæ ацыд Секъа дæр. Кæд Се- къа йæ миниатюрон æмдзæвгæ «Поэт»-ы фыста: Цы поэт искæмæ хъуса, Уымæн йæ аргъ у хъæмпы хал, — зæгъгæ, уæддæр дызæрдыггаг нæу, Къостайы тæваг ыл тынг кæй фæзынди, уый. Секъа йæ бирæ æмдзæвгæты пайда кæны Къостайы дзырдтæй, афоризмтæй. Бафæзмы йын йæ иуæй-иу уацмысты композицион æмæ строфикон арæзт (сбарæм Къостайы «Чи дæ?» æмæ Секъайы «Иу- нæг», Къостайы «Тæхуды» æмæ Секъайы «Тæхуды» æ. æнд.). «Ирон фæндыр»-æй хицæн стихтæ (рæнхъытæ) фæзынынц «Ирон фиййау»-ы. Ам бæрæггæнæнтæ хæссыны сæр нæ хъæуы, Секъайы æмдзæвгæтæ чи бакаст, уымæн ацы ныхас ног хабар нæ уыдзæн. Стæй Къостайы тæваг Секъайыл тынг кæй фæзынд, кæй йæ фæзмыдта, уый ме ’рхъуыды нæу, уый зæгъы Цомахъ дæр, афтæ зæгъынц иннæ критиктæ дæр. Æрмæст фæзмын афтæ æмбарын нæ хъæуы æмæ Секъа куырмæджы Къостайы фæстæ цыди, кæнæ попугайау Къостайы иыхæстæ фæзмыдта. Алы æцæг поэт куыд фæцагуры, афтæ Секъа дæр агуырдта йæхи фæндаг, йæхи ахорæнтæ. Къостайы поэзийау, Секъайы поэзи дæр, махмæ гæс- гæ, райгуырд дыууæ «мадæй», равзæрди дыууæ суадо- нæй. Уыдонæн сæ иу уыд адæмон сфæлдыстад, иннæ — Къостайы поэзи. Кæй зæгъын æй хъæуы, Секъайыл фæ- зынди гуырдзиаг литературæйы тæваг дæр, фæлæ уымæн схонæн нæй, уæлдæр кæй загътам, ахæм сфæлдыстадон суадон, гуырæн. Мах загътам, Къоста æмæ Секъайы поэзийы гуырæн- тæй иу у адæмон сфæлдыстад, зæгъгæ. Фæлæ дыууæ поэты ирон адæмон сфæлдыстадмæ æм- хуызон цæстæй нæ кастысты. Къоста адæмон сфæлдыс- тадæн спайда кодта йе’взаджы хъæздыгдзинадæй, йæ Г)5
иуæй-иу обрæзтæй, йæ аивадон мадзæлттæй. АдæМон таурæгътæй æмæ æмбисæндтæй Къоста райста цалдæр сюжеты æмæ сыл сфæлдыстадон æгъдауæй тынг ба- куыста, сфæлындыдта сæ йæхи ахорæнтæй æмæ сæ сарæзта оригиналон, хæрзаив уацмыстæ. Секъа дæр пайда кодта ирон адæмон сфæлдыстады æвзаджы хъæздыгдзинадæй, ирон зарджыты æмæ тау- рæгъты сюжетон бындуртæй бирæ бахаста йæ лирикæ- мæ æмæ йæ прозæмæ. Ацы хъуыддаджы тыххæй дæр æрхæсдзыстæм Секъа- йы сфæлдыстад чи ахуыр кодта, уыцы критикты ныхæс- тæ. Цомахъ фыста: «Рифмæ, стих æмæ абарæнтæ Секъа иста Хуссар Ирыстоны адæмон поэзийы хъæздыг къæби- цæй... Зæгъæн ис, йæ поэзийы æппæт мотивтæ дæр ист сты йæ алыварсы цардæй, зæгъгæ. йе’мдзæвгæты арæзт дæр тынгдæр райста адæмон поэзийæ» («Гæдиаты Се- къа — ирон хæдахуыр поэт»). Джусойты Нафи дæр фыс- сы: «Мах афтæ æнхъæл стæм, æмæ Секъамæ Ир æмæ Гуырдзыйы ивгъуыд патриархалон æхсæнады тыххæй цы таурæгътæ ис, уыдонæн се ’ппæтæн дæр ис историон бын- дур. Уый тыххæй дзурæг у Арагуийы Ерыстау æлдар æцæг историои адæймаг кæй уыд. Азау æмæ Таймуразы тæригъæдтаг таурæгъ æцæг хабар кæй уыд, уый дзурынц Хъуды зæронд лæгтæ» («Сека Гадиев»). Уæдæ адæмон сфæлдыстадмæ цы уæлдай цæстæнгас дардтой дыууæ поэты? Секъа ирон фольклорæй цы æмбисæндтæ, зарджытæ æмæ таурæгътæ иста, уыдоныл Къостайы хуызæн бæс- тон нæ куыста, Къостайау сæм нæдæр идейон æгъда- уæй, нæдæр аивадон æгъдауæй стыр ивддзинæдтæ нæ хаста. Амæн ис æрхæссæн ахæм æвдисæн. «Ирон фольк- лоры» (1936 азы, Цхинвалы рауагъдад) ис «Сагъæ- са» — адæмон чызгайы зарæджы варианттæй иу. Æндæр вариант та мыхуыргонд уыд А. Шифнеры рауагъд чины- джы «Осетинские тексты», зæгъгæ. уым 1868 азы. Уыцы адæмон тексттæ æмæ Секъайы «Дæдадæйы зарæджы» æхсæн ницы уæлдай хицæндзинæдтæ ис нæдæр сæ фор- мæмæ гæсгæ, нæдæр сæ мидисмæ гæсгæ; хицæн ног стро- фатæй фæстæмæ, сæ рифмæ æмæ сæ бæрцбарст дæр у æмхуызон. Зæгъæм: Æхсæрыл ’ сыфтæр нал хæцы, — Уый уазалы тьтххæй у, 56
Æхсæв мыл хуыссæг нал хæцы, — Уый уарзоны тыххæй у< (Адæмон) Æхсæрыл сыфтæр нал хæцы, — Уый, дам, уазалы тыххæй у. Æхсæв мыл хуыссæг нал хæцы, — Уый, дам, уарзоны тыххæй у. (Секъа) Кæнæ: Урс доны былыл сау фæрдыг, Бирæ дзы уымæн бануæзтон. Урс цъар мын уыдтæ, сауæрфыг, Бирæ дæ уымæн бауарзтон. Урс доны сæрмæ сау фæрдыг, Бирæ дзы уымæн нуæзтон, Урс цонг дæ, чызгай, сау æрфыг, Бирæ дæ уымæн ныууарзтон. (Секъа) Ам, кæй зæгъын æй хъæуы, адæмон зарæджы æмæ Секъайы зарæджы æхсæн ницы ивддзинæдтæ ис, хицæн дзырдтæ куынæ хынцæм, уæд. Афтæ зæгъæн нæй Къос- тайы «Всати»-йæ, «Лæскъдзæрæн»-æй, «Уæлмæрдты»-йæ æмæ йе ’ннæ" фыстытæй. Ацы хъуыддагыл дзургæйæ зæгъын хъæуы, Секъа Чермены адæмон зарæгыл хуыздæр кæй бакуыста, йæхи улæфт æмæ йæм йæхи ахорæнтæ, йæхи барæнтæ æмæ рифмæтæ кæй бахаста, уый. Уымæ гæсгæ ссис «Чермен» Секъайы хуыздæр уацмыстæй иу. «Чермен»-ы тыххæй нæ бон зæгъын у — ацы ран Секъа Къостайы бафæзмыдта, Къостайы цæстæй акаст адæмон сфæлдыстады сюжет- тæй йæ поэзийы спайда кæныны хъуыддагмæ, зæгъгæ. ,Мах загътам, Секъамæ Къостайы тæваг хæццæ код- та, Секъа архайдта Къостайы сфæлдыстадон метод са- хуыр кæныныл, йе ’мдзæвгæйы арæзт базоныныл. Секъа адæмон сфæлдыстадæй цыд Къостамæ, фæлæ уыцы фæн- дагыл кæронмæ нæ ахæццæ, не ’схызти Къостайы поэзи- йы бæрзæндтæм. Уæддæр Секъа æмдзæвгæтæ фыссынæн ссардта йæхи сæрмагонд æгъдæуттæ. Æмдзæвгæты фыссыны хъуыддаджы Секъа фылдæр пайда кодта силлабикон системæйæ. Йæ фырт Цомахъ куыд фыссы, афтæ поэт хæцыд а^æм гертæ уагыл: æм- 57 (Адæмон)
дзæвгæ хъуамæ фыст уа зæрдæбын аив ныхасæй (при- поднятая художествениая речь); æмрифмæгонд чи цæ- уы, уыцы рæнхъыты (æмдзæвгæты) хъуамæ уа æмбæрц уæнгтæ; рифмæтæ хъуамæ уой кæнæ къæйттæй, кæнæ рæнхъæй-рæнхъы æхсæн æ. а. д. Секъа силлабон системæйыл, кæнæ йæхи «сæрмагонд æгъдæуттæм» гæсгæ цы ’мдзæвгæтæ фыста, уым рæнхъы уæнгтыл цавд æмхуызон нæ хаудта, æнæцавдон уæнг- тæн бæлвырд нымæц нæ вæййы, æрмæст рифмæгонд дзырдтыл цавд фæхауы бæлвырд уæнгтыл. Фæлæ Секъайы æмдзæвгæтæ иуыл ахæм уагыл фыст не ’сты, Секъамæ ис, силлабо-тоникон системæйыл кæй фыста, ахæмтæ дæр, — ома уæнгтæ дæр бæрæг рæнхъы- ты æмбæрц кæм сты æмæ цавд дæр уæнгтыл бæрцæй- бæрцмæ кæм цæуы. Уыдон, мæнмæ гæсгæ, сты, Секъа Къостайы поэзийы «фæзмгæйæ» кæй ныффыста, ахæм æмдзæвгæтæ. Ахæм æмдзæвгæтæ кæй ис Секъамæ, уый дызæрдыггаг нæу, æмæ ныхас ууыл нæ цæуы. Ныхас цæ- уы уыцы дыууæ хуызы фыст æмдзæвгæтæй хуыздæр, аивадæй æххæстдæр чи у, уый равзарыныл. Иутæ афтæ зæгъынц — фыццæгтæ; мæнмæ та æндæр хъуыды ис: мæнмæ гæсгæ та дыккæгтæ хуыздæр сты. Дзуццаты Хадзы-Мурат фыссы: Секъа, искæйы кæм фæзмы, искæй фæдыл цæуынмæ кæм хъавы (ома искæй тæваг ыл кæм райдайы зынын), уыцы æмдзæвгæтæ йын сты йæ лæмæгъдæр æмдзæвгæтæ. «Цæвиттон, — фыссы дарддæр Хадзы-Мурат, — Секъа стыр Къостайы æм- дзæвгæтæм гæсгæ цыдæриддæр уацмыстæ ныффыста, уыдоны къаддæр ис оригиналон поэтикон фæлгонцтæ, хъуыдытæ, æнкъарæнтæ».1 Махмæ афтæ нæ кæсы. Хадзы-Мурат «Тæхуды»-йæ цы строфа æрхаста хорз у, зæгъгæ, уый æцæг хорз у, стæй æмдзæвгæ æмтгæй райсгæйæ дæр хорз у, цыппæрæм строфайы автор цы рæдыд хъуыды зæгъы, уый нæ нымайгæйæ. Ацы æмдзæв- гæйы темæ Къостайы «Тæхуды»-йæ ист кæй у, уый ды- зæрдыггаг нæу. Къоста цы проблемæтыл дзуры, Секъайы æмдзæвгæты дæр ныхас цæуы уыдоныл, æрмæст уæрæх- дæртæй. Секъа Къостайы æмдзæвгæйы~ритм ахуыркæн- гæйæ, ацы æмдзæвгæ ныффыста Къостайы «Тæхуды»-йау амфибрахийæ. Секъа бацархайдта, Къостайы æмдзæвгæ- 1 «Фидиуæг», 1960 зч, № 9, фарс 62 — 63. 58
ты арæх куыд вæййы, цæмæй афтæ цавд арæхдæр хауа тыхджын хъæлæсонтыл: Тæхуды Ирыстоны сæрмæ Куы фенин æз хурæн йæ тынтæ, Йе искуы ирон лæджы царды Куы фенин æиæгæй мæ фынтæ. Ацы строфайы ритм музыкалондæр кæны, алы рæн- хъы райдайæны цавдон уæнгтæ (дыккаг уæнгтæ) тых- джын хъæлæсонтæ кæй сты, уымæй (у, е, и, е). «Чырыстийы цъупмæ», зæгъгæ, ацы æмдзæвгæ йæ темæмæ гæсгæ у оригиналон, фæлæ йæ ритмæй, йæ бæрц- барстмæ гæсгæ оригиналон нæу, — уый дæр у Къостайы бирæ æмдзæвгæтау амфибрахийæ фыст. Æмæ Секъайæн йæхи оригиналон формæйыл нымад чи у, уыцы æмдзæв- гæтæй хуыздæр йедтæмæ æвзæрдæр нæу. Поэт ацы æм- дзæвгæйы канд фидар ритмы бындурыл нæ ныффыста. Йæ цавдон уæнгтæ арæх вæййынц тыхджын хъæлæсон мыртæ: Ды мигътимæ сусæгæй дзурыс, Ды дымгæтæм хъусыс æнцад, Сæрибар тымыгътæн дæ цуры Дæ къултыл æрзилы сæ рад. Цавд кæуыл хауы, уыцы уæнгтæ фыццаг рæнхъы кæ- нæ стихы æртæ дæр сты тыхджын хъæлæсонтæ (иу, у), дыккаг рæнхъы — дыууæ (у, а), æртыккаджы дæр дыууæ (и, у), цыппæрæмы — æртæ (у, и, а)- Адон тыхджындæр æмæ музыкалондæр кæнынц æм- дзæвгæ. Мæнмæ гæсгæ хуыздæр æмдзæвгæтыл банымайæн ис «Уалдзыгон зарæг» æмæ «Хъарæг», адон сты хорейон стопатыл арæзт, Къостайы хорейон æмдзæвгæты хуызæн. Абарæм Къостайы æмæ Секъайы рæнхъытæ: Къух дæ аузын фæразы... (Къоста, «Алолай»). Дуне махæн у нæ бæстæ... (Секъа, «Хъарæг»). Раджы хохы цъуппæй касти.. (Къоста, «Æрра фиййау»). 59
Мит нæ хуссæртты фæтайы... (Секъа, «Уалдзыгон зарæг»). Дызæрдыккаг нæу, ацы æмдзæвгæтæ (стæй канд адон нæ) Къостайы «фæзмгæйæ», Къостайы поэтикæйы дæсныдзинадыл ахуыр кæныны уагыл фыст кæй æрцы- дысты, уый. Секъайы æмдзæвгæты поэтикæ нырма ахуыргæнинаг у, йæ тенденци чердæм арæзт уыд, уый рабæрæг хъæуы. Къостайы кæм фæзмыдта, уыцы æм- дзæвгæтæ Секъайæн йæ лæмæгъдæр æмдзæвгæтæ сты, зæгъгæ, ахæм хаттдзæг скæнын мæнмæ гæсгæ раст нæу. Секъа ирон зарджытæм гæсгæ кæй фыста, растдæр зæгъ- гæйæ та «Сагъæса»-йы ритмæй кæм спайда кодта,уыцы æмдзæвгæтæ дæр иуыл лæмæгъ не ’сты; уыдон уыдысты адæмон зарджыты поэтикæйы традицитæй Къостайы поэтикæмæ хидгонд, хицæн къæпхæн æмæ сйн ис сæхи сæрмагонд миниуджытæ, сæхи уаг æмæ æгъдæуттæ. Уый афтæ кæй у, уый канд Секъайы æмдзæвгæтæй бæрæг нæу, уый зыны Къостайы агъоммæ чи фыста, уыцы поэт- ты æмдзæвгæты се ’гасы дæр. Фæлæ уыдоны ’хсæн тых- джындæр уыд Секъа. Уый адæмы сфæлдыстадæй цыди индивидуалон сфæлдыстадон поэзимæ, Къостайы поэзи- мæ идейон-тематикон æгъдауæй дæр æмæ аивадон ма- дзæлттæм гæсгæ дæр, кæд йæ бон нæ баци Къостайы поэзийы бæрзæндтæм схизьтн, уæддæр. ,'Фæлæ Секъа ирон поэзимæ бахаста, Къостамæ цы нæ уыд, ахæм ног хуызтæ, ног жанртæ дæр. Уыдон сты чы- сыл æмдзæвгæтæ — зондамонæнтæ æмæ миниатюрæтæ, прозæйæ фыст æмдзæвгæтæ. Чысыл миниатюрон æмдзæвгæтæ Секъайы литерату- рон къæбицы ис сæдæйы бæрц. Кæд се ’ппæт сæ аивадон- эстетикон ахадындзинадмæ гæсгæ мыхуыры рауадзынмæ нæ бæззынц, уæддæр уыдонимæ ис хорз, абон дæр сæ идейон-эстетикон ахадындзинад кæмæн нæма фесæфт, ахæмтæ. ! Мæнæ цалдæр бæрæггæнæны. Поэт фыдæвзаджы тыххæй ныффыста цалдæр миниатюры. Æрхæссæм дзы дыууæ: Топпы цæф тагьд дзæбæх кæны, Æвзаджы цæф — æрæгмæ. Фыдæвзагæй бæстæ хæлы, Ма куы йæ хæсс дæ сæрмæ. Лæг йæхæдæг йæхи митæй Н?"\'тт.æн у фьтддæр ьпнаг. П)
Дæхн хъахъхъæн лæджы хинтæй — Бæстæ сафы хæрам æвзаг! Мæнæ æндæр темæтыл фыст миниатюрæ æмдзæвгæтæ дæр: Дæхи куы фауап, Уæд дæхи стауыс. Дæхн куы стауай, Уæд дæ дзырд сафыс! Куыстæй йæхи чи нæ дары, Уый кусæджы туг лæмары. Зæрдæ фæндтæ ссары, Зонд сæ лыстæг луары. Зынгæй куы хъазай,— Дæ къух дын судздзæн. Донæй куы хъазай, — Хуылыдз дæ кæндзæн. Зæххæй куы хъазай,— Сыдæй дæ мардзæн. Адон æвдисынц Секъайы зондамонæн-миниатюрон æмдзæвгæты ахаст, сæ дидактикон характер. Мах уыр- ны, адонæй бирæтæ адæмон афаризмтæ кæй суыдзысты, уый. Дзæбæх сты Секъайæн йæ прозæйæ фыст æмдзæвгæ- тæ дæр. Уыцы жанр Секъайы агъоммæ нæ литературæйы нæ уыд, йæ фæстæ уыцы жанрыл фыстой Цомахъ æмæ Нигер, стæй ныры фысджытæй чидæртæ. Уæлдай дзæбæхдæр сты «Сæрибар» æмæ «Уалдзæг». Сæрибары обрæз поэт æвдисы рæсугъд чызджы хуызы. Мæнæ байхъусæм Секъайæн йæхи ныхæстæм: «Уый нæ уыд зæххыл, — дзыллæ фыдæвзарæн кодтой... Мæнг амонд агургæ, къæдзæхæй хаудтой æдзух... Уый æрцыд мигътыл... Иæ худгæ цæсгом равдыста дунейæн, апырх кодта талынг æхсæвы. Уый æрхаста уарзондзинад, дзыл- лæйы райхъал кодта сæ тарф фынæйæ... Уый бахудт: цард сызмæлыд, байдыдта размæ тындзын»... «Уалдзæг», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæйы уалдзæджы обрæз поэт бæтты куыстимæ, фæллой кæнынимæ... Уал- дзæджы æппæт цæрæгойтæ дæр бавнæлдтой кусынмæ. «Бæстæ йæ фынæйæ райхъал. Цалынмæ хъал у, уалын- мæ (йæ) бакусын кæн дæхицæн, куы та бафынæй уа, 61
уæд зон, дæуæй фæхицæн»... «Иу уалдзыгон бон æгас зымæгæй фылдæр кусы»... Секъамæ ма ис ахæм прозæйæ фыст æмдзæвгæтæ: «Æрæгвæззæг Ирыстоны», «Зымæг Ирыстоны», «Уал- дзæг Ирыстоны», «Сæрд Ирыстоны». Уыцы æмдзæвгæты хæрз аив æвдыст цæуынц хæхбæсты нывтæ, пейзаж. III. Секъайы прозаикон уацмыстæ сты оригиналон, ис сын сæхи ’хуыз, сæхи миниуджытæ. Литературон теорийы бындурыл фыст чи у, ахæм аив радзырдтимæ сæ куы барай, уæд дæм фæкæсдзысты, куыддæр, æнахуыр. Æвæццæгæн афтæ хъуыды кодта «Малусæг», зæгъгæ, 1922 азы цы альманах рацыд, уый редакци дæр. Секъа- йы «Азау» мыхуыр кæнгæйæ, редакци фыста: «Ацы ра- дзырд, редакци куыд æмбары аив фыст, афтæ нæу, фæлæ нын туалты цард дзæбæх æргом кæны, æмæ йæ уый тых- хæй мыхуыр кæнæм».1 Секъайы прозаикон уацмысты хицæндзинæдтæн бам- барæн нæй, ирон фольклоры традицитæй сæ куы ахицæн кæнæм, уæд. Секъайы уацмыстæ арф уидæгтæй баст сты адæмон сфæлдыстадимæ. Йæ уацмысты сюжеттæн иста æцæг æрцæугæ цаутæ, адæмон таурæгътæ æмæ æмби- сæндтæ, æмæ йын уыдон йе ’сфæлдыстадæн лæвæрдтой хицæн хуыз. Фæлæ Секъа ирон адæмы таурæгътæй кæй пайда кодта, уый нæ литературоведтæй чида&ртæ раст нæ бам- бæрстой. Уыдонмæ гæсгæ Секъа ницы ивддзинæдтæ хас- та, фольклорæй цы æрмæг иста, уымæ. Зæгъæм: Епхиты Тæтæри фыста: «Секъа оригиналон аив литературæйы æууæлтæ, закъонтæ хорз нæ зыдта, йæ уацмысты сюжеттæ йæхæдæг нæ хъуыды кодта, нæ йæм уыд ахæм миниуæг æмæ, йæ хъуыды, йæ цæстæнгас цардмæ равдиса йæхи æрхъуыдыгонд формæты. ...Секъайы фыстытæм лыстæг æркæс, уæд сæ фылдæр сты фольклорæй райсгæ»2. Уый раст нæу. Кæд-иу йæ уацмысты сюжетон бынду- рæн иста таурæгътæ æмæ историон цаутæ, уæддæр-иу сæ рацарæзта йæхимæ гæсгæ, йæ архайджыты зæрдæйыуаг- ’ 1 «Малусæг», 1922 аз, фарс 19. 2 Епхиты Тæтæри. Коцойты Арсен, Орджоннкидзе, 1955, фарс 21. 02
иу хуыздæр раргом кодта, хатгай-иу сын равдыста сæ уынд æмæ сæ конд дæр, сæ уæлæ дарæс; сарæзта-иу бæл- вырд нывтæ, обрæзтæ. Цæвиттон, архайдта, цæмæй «хус» историон цаутæ уыдаиккой хæрзхъæддæр æмæ нывджын- дæр, зæрдæмæдзæугæ дæр. Афтæ куынæ уыдаид, уæд Секъайæн фыссæг схонæн нæ уыд, уый уæд уыдаид æрмæстдæр фольклор æмбырд- гæнæг, фæлæ йæ уыцы номæй ничи хоны, кæд йе ’сфæл- дыстад фольклоримæ æнгом баст у, уæддæр. Секъамæ уыд æрдзон курдиат, фыссæджы хъару. Аив быд дзырд- тæй цы нывтæ скодта, уыдон цæстытыл уайынц, адæймаг сæ уыны. Йæ сæйраг архайджыты уд бауадзы, чиныгкæ- сæг семæ фæныхас кæны, семæ фæхъуыды кæны, чи йын сæ йæ зæрдæ фæрухс кæны, чи йын цæсты сындз свæй- йы. Æнæ ахæм миниуджытæ уацмысæн аивадон хонæн нæй, æмæ уыдон сты Секъайы уацмысты. Райдайæны куыд загътам, афтæ Октябры революци- йы размæ Секъайы прозаикон уацмыстæй мыхуыры фæ- зынди цалдæр: «Азау» (1907 аз, журнал «Зонд»), «Айс- сæ» (1907 аз, газет «Ног цард»), «Зæлда» (1907 аз, га- зет «Ног цард»), «Саударæг ус» (1913 аз, журнал «Чы- рыстон цард») æ. æнд. Цавæр дуг нын æвдисы Секъа йæ уацмысты? Цæуыл сты йæ хъуыдытæ — йæ мæт æмæ йæ сагъæс? Йæ уацмысты архайды дуг Секъа бæтты Гуырдзыс- тон Уæрæсеимæ куы баиу, уыцы рæстæгимæ, уый та уыд 1801 азы. Хæрз стæмтæй фæстæмæ йе’ппæт уацмысты дæр Секъа фыссы: «Гуырдзыстон Уæрæсеимæ баиу кæ- ныны агъоммæ...» («Арагуйы Ерыстау æлдар»), «Гуыр- дзыстон Уырысимæ баиу кæныны рæстæджы адæм дыу- уæ дихы фесты: иутæ уырысы нæ уагътой, иннæтæ сæ фарс уыдысты» («Айссæ»), «Гуырдзыстон Уырысимæ куы баиу сты, уæд уырыс хицæуттæ скодтой алы бæсты, алы кæмтты» («Зæлда»), «Уырыс Кавказы райстой. Адæм æрсабыр сты. Фæндæгтæ суæгъд сты» («Азау») æмæ æндæртæ. Ахæм ныхæстæ, ахæм хъуыдыйæдтæ канд рæстæджы бæлвырд арæнтæ не ’вдисынц, фæлæ ма бæрæг кæнынц Секъайы сфæлдыстады характерон миниуджытæй иу — йæ уацмысты архайдæн бæлвырд рæстæг кæй æвзары^, стæй уыцы иухуызон хъуыдытæ йæ уацмысы арæх ногæй кæй^фæзæгъы, уыцы миниуæг. {Секъа йæ уацмысты цы дуджы цаутæ æвдисы, уый 63
уыд феодалон дуг, æлдæртты рæстæг. Æлдæрттæ æмæ с& фæсдзæуинтæ, паддзахы хицæуттæ фæллойгæнæг адæмы куыд æфхæрдтой, куыд хъизæмарæй мардтой, уый у Секъайы сфæлдыстады сæйраг мидис] «Æлдар фыдлæг у», зæгъгæ, Къостайы æмдзæвгæйы рæнхъ ссис адæмон афоризм. Цыма уыцы ныхасы со- циалон хъуыды æргом кæны, Секъа йæ уацмысты ногæй æмæ ногæй дзуры æлдæртты фыдраконддзинæдтыл, иуæй иннæ æбуалгъдæр нывтæ равдисы æлдæртты фыдраконд- дзинæдтæй. Адæмæн фыд-зпаг чи у, ахæм дурзæрдæты обрæзтæ Секъа æвднсы: «Арагуйы Ерыстау æлдар»-ы, «Мад æмæ фырт»-ы, «Саударæг ус»-ы æмæ æндæр уац- мысты. Сæ лæппу æмæ чызджы кæмæн рахаста, уыцы мæ- гуыр ус æмæ лæгæн æлдары дзырдмæ гæсгæ «надæй сæ царм растыгътой, сæ буар цъæх тæппал ссис». Ус амард. Æлдар сывæллæтты йæ фæсарц хордзенты нывæрдта æмæ сæ уæймæ фæхæссы. «Сæ ныййарæг мадыл кæугæ, дзыназгæйæ, чызг æмæ лæппуйæн сæ цæстысыг лæсæн- тæй уади. Фæлæ уæддæр æлдары зæрдæ цъæх уираг ду- рæй хъауджыдæр фæлмæн кæнын нæ бакуымдта. Дур батадаид, къæдзæх бадон уыдаид, *цæстысыг фестадаид, уыдоны кæуын, дзыназынмæ, фæлæ уæддæр æлдары зæрдæмæ æрдуйы йас фæлмæндзинад не ’рцыд». Афтæ фыссы Секъа «Саударæг ус»-ы Арагуйы æлдары тых- хæй. «Мад æмæ фырт»-ы та Ерыстау æлдар йе ’ххуырсты фырты, астаздзыд сывæллоны, цæджындзмæ бабæттын кодта, йæхæдæг бандоныл йæ разы сбадтæмæйæ бæрз- уисæй надта, цалынмæ лæппу йæ уд систа, уæдмæ. Цæй тыххæй амардта æлдар чысыл сабийы? Уагæры цы стыр бæллæхтæ ракодта? Хъулæй хъазгæйæ, уый фæ- хыл ис æлдары фыртимæ æмæ йæ фæнадта. Æлдæртты фыдраконддзинæдтæ кæм æвдисы Секъа, уыцы радзырдты æхсæн хуыздæрыл нымад цæуы «Ара- гуйы æлдар Нугзар», æмæ йыл бæстондæр аныхас кæн- дзыстæм. Ацы радзырды фыссæг лæмбынæг æвдисы, Нугзар адæмы куыд хъизæмарæй мардта, кæрæдзиуыл куыд ардыдта адæмы æмæ сæ æнæтæригъæдæй куыд цагъта, уыцы æбуалгъ митæ. Фæлæ канд ууыл нæу хъуыддаг. Нугзары фыдраконддзинæдтæ æргом кæнгæ- йæ, фыссæг чиныгкæсæджы зæрдæйы гуырын кæны æнæ- уынондзинад æлдæрттæм æмæ, æмтгæй зæгъгæйæ, ца- т
гъайраг-феодалон дугмæ. Фæллойгæнæг адæмæн уарзын кæны сæрибар, сиды сæм сæрибарыл тохмæ. Секъа нæ ауæрды ахорæнтыл, цæмæй æлдар Нугзары обрæз бæлвырддæр æмæ æнæуынондæрæй равдиса, рар- гом ын кæна йæ марг зæрдæ. Нугзар у, æппын тæригъæд чи нæ зоны, адæмы хъизæмæрттæм хъæлдзæг чи кæны, ахæм адæймаг. Уыимæ Нугзар у хин, гæды æмæ мæн- гард. «Æлдар чысылгай Хъуды комы адæмы йæхимæ æрбахæстæг кодта, фæсивæды хуыздæртæй, мыккæгты тыхджындæртæй Хады комæн моураутæ, хъалонисджы- тæ скодта, хионы цæстæй сæм акасти» — афтæ бæрæг кæны Секъа нæ радзырды райдайæны Нугзары хинæй- дзаг митæ. Нугзар йæ гæды æвзагæй иу комы адæмы иннæ комы адæмыл ардауы, кæрæдзийы сын цæгъдын кæны æмæ сæ афтæмæй йæхицæн хъалондар æмæ бега- радзау скодта. Секъа фæллойгæнæг адæмы цардæй бæстондæр рав- дыста иу бинонты — Берд æмæ Хъызмыдæйы. «Берд æмæ Хъызмыдæйы адæм бирæ уарзтой сæ рæдауы, сæ кæр- дзындæттоны тыххæй», — "фыссы Секъа. Фæллойгæнæг адæмы минæвæрттæ Секъайы уацмысты вæййынц уын- дæй æмæ кондæй рæсугъд, зæрдæйæ хæлар æмæ сыгъ- дæг, адæмы уарзон. Хъызмыдæйæн бирæ рæстæг зæнæг нæ уыд, æмæ йын фæстагмæ лæппу куы райгуырд, уæд адæм цин кодтой, æхсызгон сын уыд. Фæлæ Берд æмæ Хъызмыдæйы æнæкæрон цин, æгас комы цин Нугзар йæ цъыф къæхтæй ассæста. Ам Секъа æвдисы тыхджын контраст, адæм æмæ æлдар кæрæдзимæ куыд дард уы- дысты, уый. Нугзар Хъызмыдæйы дзидзийыл бафтыдта йæ ар- гъонахъ къæбылайы. Уый йæм æгъгъæд нæ фæкаст. Амардта йын йæ иунæг хъæбулы. Уыцы æвирхъау маст нæ баурæдтой Хъызмыдæ æмæ Берд: сæ дыууæ дæр амардысты. Афтæ æрбабын кодта Нугзар адæмы уарзон бинонты. Секъа æвдисы, иу къæпхæнæй иннæмæ хизæгау, Ерыс- тау æлдары фыдмитæ. Нугзар комы сывæллæтты æрæм- бырд кодта æмæ сæ йе ’фсæдтæн сæ бæхты къæхтыбын банай кæнын кодта. «Уыцы чысылты ныййарджыты кæуын, дзыназынæй къæдзæх бадон уыдаид, цæстысыг фестадаид, фæлæ æлдар йæ рихийы бынæй худтис, æрду- йы бæрц тæригъд дæр сын нæ кодта». Фæлæ сау зæрдæ Нугзар хъæбатыр нæ уыд, адæм æд гæрзтæ йæ кæрты 5 Царл æмæ поээи 65
куы æрбалæууыдысты, уæд «йæ дзырдтæ йæ дзыхæй æр- хæцгæ цыдысты... «Иæ хуыз рафæлив-бафæлив кодта, йæ къухы æнгуылдзтæ зыр-зыр кодтой». Адæмы фæрстытæн йæ бон нæ уыди дзуапп раттын, «æрмæст-иу йæ рæсыд сырх цæстытæ доны разылдта». Ацы радзырды фыссæг хорз æвдисы адæмы маст, адæ- мы сыстад æлдæртты ныхмæ. Радзырды сæйраг архайæг сты фæллойгæнæг зæхкусæг дзыллæ. Секъа равдыста уыцы зæхкусæг дзыллæйы æцæг куыд уыдысты, афтæ- мæй, сæ тых æмæ сæ лæмæгъдзинæдтимæ; уыдон хæцынц се ’фхæрæг æлдары ныхмæ, фæлæ сæм фаг зонд æмæ тых нæма ис, сæ ныфс, сæ тыхтæ сиу кæнынмæ. Тынг сæм хæццæ кæны дины тæваг дæр. Фæлæ уыцы дзыллæ æл- дары æфсондзы бын афтæ сфæлмæцыдысты, æмæ сæ маст сæ хъуырмæ схæццæ, сæ маст бауромын сæ бон нал уыд æмæ стихион æгъдауæй сыстгæйæ, æлдары амардтой. Адæмы ’хсæнæй фыссæг фæхицæн кæны æрмæст иугай адæймæгты. Ахæмтæ сты: Берд æмæ Хъызмыдæ, Рубайты Мистъала — урс зачъе зæронд лæг, Реуаз æмæ Тохти. Тохти сиды адæммæ, æлдары амарæм, зæгъгæ, æрмæст нæ фæнд хъуамæ уа топпы нæмыгау, — амоны уый адæ- мæн. Æлдары маргæйæ дæр йæхимæ дзырдыбар райста Тохти. Тохти у рæстыл дзурæг æмæ рæстыл кусæг адæй- маг, уымæн ис адæмы уарзон зæрдæ, æлдары ныхмæ то- хы равдыста хъæбатырдзинад, уымæн æмæ Нугзарæн нæй ныббарæн, адæмæн цы фыдмитæ фæкодта, уыдон. «Арагвийы æлдар Нугзар» йæ композицион арæзтмæ гæсгæ тынг вазыгджын нæу. Архайд цæуы эпикон тау- рæгъы хуызы, æрмæст автор таурæгъы бавæры йæхи ныхас, йæ цæстæнгас раргом кæны, цы цауты кой фæкæ- ны, уыдонмæ, аивадон уæфтмæ бахæссы публицистикон ныхас æмæ кæй фарс у, уый æргом фæзæгъы. Уый дæр у Секъайы аивадон мадзæлттæй. Æлдары фыдмитæ, йæ фыдраконддзинæдтæ рæзынц чысылгай, иу цауæй аннæ цаумæ тыхджындæр кæнгæ. Уыдонимæ рæзы, тыхджы- нæй-тыхджындæр кæны адæмы фыдæх, адæмы æнæуы- нондзинад дæр. Æлдар йæ сау æбуалгь митæй адæмы зæрдæ кæй къахы, сæ маст сын кæй цырен кæны, уый у уацмысы сæйраг социалон конфликт, æмæ уыцы кон- фликт цæуы рæзгæ: цæуы æмæ схæццæ вæййы тæккæ ^æрзонддæр къæпхæнмæ, кульминаци кæй хонæм, уы- мæ — адæмы тæрхоны онг æлдарыл. Кæронмæ ма автор йæ уацмысы нывæсты бавæрдта æлдар Дзимсеры куыд 66
амардтой, уыцы чысыл хицæн радзырд дæр. Уый кæд уацмысы аивадон нывæстимæ комкоммæ баст нæуг уæд- дæр æххуыс кæны фыссæджы хъуыды раргом кæны- нæн — Нугзар æмæ Дзимсеры хуызæн æлдæртты марын хъæуы æмæ уæд фервæздзыстæм сæ фыдмитæй, зæгъгæ. Секъа пайда кæны адæмон æмбисæндтæй æмæ уыдо- ны фæрцы аивдæр æмæ æнцондæр æмбарын кæны йæ хъуыдытæ. Ацы радзырды ссардзыстæм ахæм æмбисæнд- тæ: «Куырис сыгъд, æмæ йыл бæттæн худти», «Мæсыг хи дурæй хæлы», «Фистæг бæхджынæн дондзау», «Тыхджын цынæ кæны, мæгуыр цынæ бары» æмæ æндæртæ. Секъа пайда кæны гиперболон абарæнтæй æмæ эпи- теттæй дæр: «Хур ныл баталынг, мæй рухс нал кæны, зæхх мæстæй ризы, стъалытæ зæхмæ хауынц, нæ тæри- гъæдмæ кæсын нал фæразынц» (Мистъалайы ныхæстæ); «Æлдар къæбылайы рауын-бауын акодта æмæ йæ фыд- хъуынтæй, цолайæ куы федта, уæд схъæр кодта, цæсты- тæй зынджытæ аппæрста, йæ дзыхæй цæхæртæ». Æлдæртты фыдмитæн барæн нæй, — ахæм хъуыдыйы бындурыл арæзт сты Секъайы уацмысты фылдæр хай. Секъа сныв кодта йæ сæрибардзинады сæраппонд то- хы чи бацыди æмæ йæ цард чи ауæлдай кодта, ахæм адæймæгты обрæзтæ. Уыдонæй иу у Тугъан («Мад æмæ фырт»). Тугъан уыди сæрæн лæппу, æмæ йæ æлдар йæ- химæ æрбахæстæг кодта. Ницы хъуаг уыд, æлдар æм касти хорз цæстæй, хорз дарæс ыл кодта. Фæлæ уæддæр Тугъан цагъайраг цардыл не ’сразы. «Цы фæнды уæд, загъта, цагъарæй сызгъæрин дарæсы цæрыны бæсты, сæрибарæй мæ къухтæй æлыг æмæ чъыр куы змæнтон, уый хуыздæр у». — Ахæм хъуыдытæй Тугъаны зæрдæ цух нæ уыд, йæхи атон-атон кодта сæрибары быдырмæ». Секъа йæ уацмысты тынгдæр дзырдта феодалон æф- хæрды тыххæй. Фæлæ канд æлдæрттæ нæ цъырдтой адæ- мы туг, уыдоны фæсдзæуинтæ æмæ чапартæ дæр стыгъ- той мæгуыр фæллойгæнæг адæмы. Уыцы хъуыддаг хорз æмбæрста Секъа. «Иутæ æлдары хорзæхæй мæгуырты уæлæ симдтой, адæмы фæллойæ минас кодтой, иннæтæ та уæззау уаргъы бын змæлын нæ фæрæзтой, сыдæй мар- дысты». Секъа йæ радзырдты æвдисы хъæздгуытæ, хъæуыхи- цæуттæ, паддзахы чиновниктæ, æмæ сауджынтæ кæрæдзи фарс хæцгæйæ, мæгуыр адæмы куыд стыгътой, куыд сайдтой («Айссæ», «Дыса»), мыггагон-феодалон реак- 67
цпон æгъдæуттæ адæмæн фыдбылызы хос кæй уыдысты, уыдæттæ. Уарзондзинады фæдыл Секъа ныффыста цалдæр уац- мысы — «Азау», «Зæлда», «Саудуллæ æмæ Манидзæ», «Сафиат» æмæ æндæртæ. Фылдæр хатт Секъайы уарзæт- ты цард фæвæййы трагедийæ, сæ зæрдæйы бæллицтæ не ’сæххæст вæййынц. Реакцион æгъдæуттæ, æхсæнады со- циалон хицæндзинæдтæ сæ ассæндынц сæ быны, сæ ирд уарзондзинад сын цъыфимæ схæццæ кæнынц. Секъа уарзондзинады темæйыл кæй фыста, уыцы уац- мыстæн сæ хуыздæр у «Азау». Дыууæ æрыгон уды — Азау æмæ Таймураз — кæрæдзи уарзтой арф уарзтæй, фæлæ сын мыггагон-патриархалон цард сæ размæ æрæ- вæрдта цæлхдуртæ, сæ рухс бæллицтæ сын йæ къæхты бын ныссæста, амонды суадон кæй хуыдтой, уыцы уар- зондзинад сын фыдбылызы суадон фестын кодта. Уарзондзинады проблемæ Секъа бæтты æхсæнадон цардимæ. Иæ геройты абстрактон хуызы, ома, цардæй, социа- лон къордтæй иппæрдæй куы райстаид, уæд радзырды ахадындзинад, ныртæккæ куыд у, афтæ нæ уыдаид. Се- къа йæ геройты типикон уавæрты кæй æвдисы, цардимæ сæ æнгом кæй бæтты, уымæй бæрæг кæны йæ реализмы ахрс:г. ’ Азау у конд æмæ уындæй рæсугъд, зæрдæйæ сыгъдæг, зондæй æххæсп Чысылæй фæ<!тæмæ йæхицæн кæй сныв кодта, ууыл йæ зæрдæ никуы аивта. Азау бафæлвæрдта стох кæнын, йе ’стыр æмæ сыгъ- дæг уарзондзинады развæндагыл цы цæлхдуртæ лæу- уыд, уыдон аиуварс кæныныл. Уыдон та уыдысты фы- дæлтæй баззайгæ сафинаг æгъдæуттæ—ирæд исын, уар- зондзинад ницæмæ дарын. Азауы мад æмæ фыд сæ буц уарзон чызджы мулкыл уæй кодтой. Азауы та мулк нæ хъуыд, уый хъуыди Таймураз, чысылæй фæстæмæ йæ зæрдæйы арф кæй нывæрдта, уыцы Таймураз. Æмæ кæд йæ ныййарджытæ Азауы фæндон ницæмæ дардтой, сæ чызджы æндæр лæппуйæн радтой, уæд уый дæр ницæмæ æрдардта йæ ныййарджыты ныхас, фидыды æгъдау. Азау кæд дызæрдыгтæ кодта, уæддæр аскъуыдта уыцы æгъдауы рæхыстæ æмæ ацыди, йæ зæрдæ йын цы фæн- даг амыдта, уыцы фæндагыл йæ уарзон Таймуразмæ. Азау нæ фæуæлахиз ис, — куыд æй фæндыд, йæ амонд йæ уарзонимæ сбæттын, афтæ нæ рауад. Фæлæ Азау 68
равдыста йæ тых, йæ сæрибар уарзон зæрдæйы фæндон, фыдæлтыккон-хъадаман æгъдæуттæ йын æнæуынон кæй уыдысты, уый. Секъа нын «Азау»-ы хуызы равдыста тых- джын сылгоймаджы обрæз. Азаумæ уыди йæхи фæндон, йæхи хъуыдытæ, сæрибармæ бæллын. Азаумæ сты йæ рæстæджы ирон раззагдæр сылгоймаджы хъуыдытæ. Уый у ирон литературæйы хуыздæр обрæзтæй иу. Ирæд исыны ныхмæ дзуры Секъайы æндæр герой Манидзæ дæр. Уый афтæ зæгъы: «...Æвзæртæ бахæрæд, мæрдты дзыназæд, ацы ирæд чи æрымысыд. Кæимæ дæ фæнда, уыимæ цæрын дæ бон ма уæд, фосы тыххæй нæ хъомты хуызæн уæй кæнынц. Кæмæ йæ фæнда адæйма- джы, уымæ йæхи фæндонæй ацæуид, æмæ йыл уæд та йæ мад æмæ йæ фыд æвдисæн кæнынц. Стæй нæм иу æгъдау ис, æнæирæдæй фæцæуын, дам, худинаг у, аф- тæмæй хъусын, æмæ уырыс дæр æмæ гуырдзы дæр, дам, ирæд нæ исынц. Гъе ныр мæгуыр лæг цы бакæна, кæм ссардзæн дыууиссæдз, æртиссæдз хъуджы ирæд? Мад æмæ фыдæн та раздæр ньГмад сты, сæ чызг цал хъуджы райсдзæн ирæд... Адæймагæн уд ис, уд, æмæ йæ уд йæ бар цæуылнæ у? Ай мæ уд у æмæ мæ кæмæн фæнды, уы- мæн мæ раттæнт мæ мад æмæ мæ фыд, æндæр ма цы?» Фыссæджы хъуыдытæ арæзт сты фæсивæды уæнгтæ хъадамантау чи баста, уыцы ’гъдæутты ныхмæ, Секъайы идеал у сæрибар, зæрдæйæ æвзæрст сыгъдæг уарзон- дзинад. Таймураз æвдыст цæуы раст, зæрдæхæлар адæйма- гæй. Уый тынг бауарзта Азауы, æмæ йæ æндæр ничи хъæуы. Дыууæ уды сæ цард куы баиу кодтаиккой, уæд уый уыдаид стыр амонд, фæлæ уыцы амонды ныхмæ ныллæууыдысты Азауы мад æмæ фыд, уымæн æмæ уы- доны стыр ирæд хъуыди, Таймуразмæ та фос нал баззад ирæдæн. Фæлæ Таймуразæн йæ уарзондзинад афтæ тых- джын уыд, æмпэ йæ бон нæ баци йæ уарзон чызджы ис- кæмæн ныууадзын, æмæ аскъæфта куырд чызджы. Фæ- лæ уæддæр йæ зæрдæйы фæндиæгтæ не ’сæххæст сты, йæ цард нæ баиу йæ уарзон Азауимæ. Таймураз тади Аза- уы мысгæйæ: «Уæлæ мæйрухс, — загъта, — кæд искуы Азауы сау цæстытæ дæумæ мæнау дзыназынц. Уæлæ, бонвæрнон стъалы, кæд Азау дæ уындæй йæхи рæвдауы! Уæ зæххон барастъыр, кæд искуы йæ фæлмæн риу сы- джыты æмбийы!» Ахæм сагъæстимæ Таймуразыл æхсæв бон кодта. 69
Таймураз йæхицæн æндæр цардæмбал чызг нал ба- цагуырдта, афтæмæй Азауы мысгæйæ мæрдтæм бацыду Уацмысы ма исæндæр архайджытæ дæр. Бибо у фаел- лойгæнæг зæхкусджытæй, фæлæ йæ зондахаст у мулкыл хæст. Уый йæ дзырд фæсайдта, Азауы Таймуразæн нал дæтты, Таймураз куы фæмæгуыр, уæд. Хъаныхъон дæр у йæ зондахастмæ гæсгæ йæ лæджы хуызæн. Уыдоны хъуы- ды æвдисы ахæм æмбисонд: «Мæгуырæи адæм дардмæ лидзынц, амонд та йæм хæстæг нæ цæуы». Иннæтæ та хæст сты æндæр хъуыдыйыл, уыдонæн уарзондзинад у зæрдæйы фæндон, уды бархидзинад, уы- дон уарзондзинад нæ бæттынц мулкимæ. «Адæм иуда- дзыг гуыбыны тыххæй нæ цæрынц» — зæгъынц уы- дон. Фæнды раздæр рæстæджы хабæрттæ фыстаид Секъа, фæнды цы рæстæджы цард, уыцы рæстæджы цаутæ æв- дыстаид, уæддæр фыссæг кæддæриддæр уыд фæллойгæ- нæг адæмы фарс, йæ идеал уыд сæрибар, адæм æфхæрд кæм нæ уой, ахæм дуг. Ацы хъуыды зыны Секъайы хуыз- дæр уацмысты се ’ппæты дæр. Уыдон бакæсгæйæ, адæй- маджы цæстытыл ауайынц рагон царды нывтæ: æлдæрт- тæ фæллойгæнæг адæмы куыд æфхæрдтой, куыд сæ удхарæй мардтой, зæхкусджытæ куыд тох кодтой æлдæртты ныхмæ, куыд агуырдтой сæрибар, уыдæттæ. Æфхæрддзинады ныхмæ тох кæнын, сæрибардзинад- мæ тырнын у Секъайы сфæлдыстады сæйраг мотив. Уы- цы хъуыдытæ йе ’сфæлдысхады зынынц æрфæны фæдау. Секъайы сфæлдыстадæн, æмтгæй райсгæйæ, ис прогрес- сивон-демократон ахаст. Фæлæ Секъамæ уыди лæмæгъдзинæдтæ дæр, æмæ уыдон дæр æнæскойæ уадзын нæ хъæуы. Секъа арф не ’мбæрста æхсæнады царды змæлд, йæ зондахаст уы- ди историон æгъдауæй цыбыр. Кæд зæхкусджытæ, сæ бартæ хъахъхъæнгæйæ, сæ эксплуатацигæнджыты ных- мæ куыд тох кодтой, уый æвдыста, æмæ уыцы тохы уы- дис æфхæрд адæмы фарс, уæддæр-иу æм фæзынди ахæм хъуыдытæ, цыма æлдæрттæн æмæ зæхкусджытæн бафи- дауын кæнæн ис, цыма мæгуыртæн æмæ хъæздгуытæн æмзæрдæ уæвæн ис. «Тæхуды», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæ- йы Секъа бæллы Ирыстоны хорздзинадмæ, Ирыстоны сæрмæ хуры тынтæ куы фенид; фæнды йæ, йæ бæллицы фынтæ æцæг куы рауаиккой. Фæлæ уыцы бæллицтæм тындзгæйæ поэт зæгъы: 70
Уæзданæй, фæрссагæй, уæййагæй, Хъæздыгæй, мæгуырæй æмзæрдæ Куы уаиккам! Баууæнд, нæ бæстæ Нæ заид фæстейы хъуагæй. Уый, кæйчзæгъын æй хъæуы, мæнг хъуыды у, хъæз- дыг æмæ мæгуЬф æмзæрдæ никуы уыдзысты. Æз Секъа- йæн нæ уайдзæф кæнын, марксист цæуылнæ уыдис, зæгъ- гæ, æз æрмæстдæр Секъайы сфæлдыстады рæстдзинад равдисыны тыххæй зæгъын ацы ныхæстæ. Секъайы зондахаст у фæллойгæнæг зæхкусджыты демократизм; Секъа æвдыста зæхкусджыты идеологи, сæ зондахаст. Зæхкусджытæн сæ тохы цы лæмæгъдзинæдтæ æмæ хъуагдзинæдтæ уыдис, уыдон уыдысты Секъайæн йæхимæ дæр. Адæмы фарс хæцгæйæ, фæллойгæнæг адæ- мы бартыл тохгæнгæйæ, Секъамæ-иу хатгай фæзынд ахæм хъуыды дæр, цыма æнæкълассон тохæй ссæрибар уæвæн ис, цыма æлдæрттæ сæ социалон уавæрмæ гæсгæ нæ, фæлæ сæ зæрдæйы арæзтмæ гæсгæ вæййынц фыд- зæрдæ æмæ æфхæрæг. Секъа хатгай идеализаци кодта бинонты цард. Уымæ гæсгæ лæппу æмæ чызг, кæрæдзи уарзгæйæ, æмвæнд, æмзондæй сæ цард куы баиу кæной, уæд сæхи фæллойæ æвиппайды ахъæздыг уыдзысты, социалон мæгуырдзинад абырсдзысты. Афтæ æвдыст цæуы радзырд «Садуллæ æмæ Манидзæ»-йы кæрон. Кæй зæгъын æй хъæуы, Секъа æмбæрста, иудадзыг афтæ кæй нæ вæййы, бинонты амонд бирæ хъыгдарджытæ кæй ис æмæ уыцы хъыгдарджытæ, бинонты амонд халджытæ, æдзухдæр, хæрз стæмæй фæс- тæмæ, æлдæрттæ æмæ паддзахы хицæуттæ кæй вæййынц, уый. Афтæ æлдары азарæй æрбайхæлд Берд æмæ Хъыз- мыдæйы цард («Арагуйы Ерыстау æлдар Нугзар»), Гла- ха æмæ Мартайы цард («Саударæг ус») æмæ æндæр би- рæ бинонты цард. Секъа бæрзонд æвæры адæмы бархъомыс, адæмы уынаффæ. Иæ къорд уацмысты фыссæг æргом дзуры ууыл, цæмæй адæм сæхæдæг кæной сæ царды уынаффæ, уой сæ царды хицау. Секъа худы, фосæн сæхи нæ ба- фæрсгæйæ, бирæгъ хицау чи кодта, уыдоны хуызæттыл («Бирæгъ фосæн хицау»). Хъуамæ адæмæн сæхи фæрсой, хицау кæй равзарын хъæуы, уымæй, — афтæ у Секъайы хъуыды. Секъа хæцыд зианхæссæг æгъдæутты ныхмæ. Сæри- бар, сыгъдæгзæрдæйæ уарзын у Секъайы бæллиц. Рæст- 71
дзинад æмæ растзæрдæ адæймаг — адон сты йæ идейон- эстетикон идеалтæ. Секъа кæддæриддæр уыд ф^ллойгæ- нæг адæмы фарс, сæ бартæ хъахъхъæнæг. Демократион мотивтæ йе ’ппæт сфæлдыстады ахсынц стырбынат. Фæ- лæ Секъайы зондахасты уыд лæмæгъдзинæдтæ дæр. Фæзындис-иу æм, уæлдайдæр фæстаг рæЬгæджы (1910— 1915 азты) чырыстон дины æмæ буржуазон-либералон тæваг кæмæ хæццæ кодта, ахæм æмдзæвгæтæ: «Пехуым- пар», «Кавказаг æфсæддоны хъæлæс», «Рухс» æмæ æн- дæртæ. Ацы хъуыддагыл дзургæйæ, æмбæхсын нæ хъæуы Секъайы лæмæгъдзинæдтæ, фæлæ зæрдыл дарын хъæуы уый дæр, æмæ адон йе ’сфæлдыстады, куыд загътам, аф- тæ сæйрагдæр æмæ ахсджиагдæр сты демократон хъуы- дытæ. Фыссæг у фæллойгæнæг адæмы фарс. IV Улрлдæр куыд загътам, афтæ Секъайы сфæлдыстад арф уидæгтæй баст у ирон адæмон сфæлдыстадимæ, йæ уацмысты сюжеттæй бирæтæ ист сты адæмон таурæгъ- тæй æмæ æмбисæндтæй, йæ аивадон мадзæлттæ æвзæр- дысты адæмон сфæлдыстады традицитæй. Секъайы прозаикон уацмысты хицæн миниуджытыл дзургæйæ, зæрдыл дарын хъæуы ахæм хъуыддаг: кæд Секъайæн поэзийы фæидаг амонæг рухс стъалы уыд Къоста, уæд уый зæгъæн нæй йæ прозæйæ. Прозæйы кæй «фæзмыдтаид», кæй фæдыл цыдаид, кæй традицитыл хæцыдаид, ахæм ын нæ уыди ирон фысджыты æхсæн, уы- мæн æмæ Секъайы æгасæй ирон æвзагыл прозаикон уацмыстæй ницыма уыйбæрц фæзынди мыхуыры. Æр- мæст Коцойты Арсены цалдæр радзырды журнал «Æф- сир»-ы (1910 аз), Тлатты Хохы фантастикон повесть «Фын», иукъорд æндæр радзырды æнæ автортæй. Газет- ты æмæ журналты мыхуыргонд цыд фылдæр уы- рыссаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтæй тæлмацгонд радзырд- тæ. Кæд Секъайæн исчи йæ «ахуыргæнæг» уыд прозæйы, уæд — адæмон сфæлдыстады традицитæ. Фысджытæй йæм хæстæгдæр уыд йæ тематикæмæ гæсгæ дæр æмæ йæ аивадон-сфæлдыстадон мадзæлттæм гæсгæ дæр гуыр- дзиаг номдзыд фыссæг Сандро Хъазбеги. Цыбырæй зæгьдзыстæм, ирон адæмон сфæлдыстады 72
траДидитæ цы хуызы фæзындысты Секъайы сфæлдыста- дыл, уЦй тыххæй. Адæмон сфæлдыстады куыд вæййы, афтæ Секъа дæр йæ хъус тыцг нæ дардта йæ геройы зæрдæ арф психоло- гон æгъдауаЦ раргом кæнынмæ. Уый бæсты сæ зæрды- уаг раргом ваеййы архайды, сæ миты, фыссæджы цыбыр «аннотациты». йæ радзырдтæн ис таурæгъон ахаст — æрфыст дзы стыр бынат нæ ахсы; архайæджы портрет фылдæр хатт фыст не ’рцæуы, кæд æрцæуы, уæд та цы- быр æмæ бæстон ахорæнтæй. Секъа арæх пайда кæны адæмон æмбисæндтæй æмæ афоризмтæй, эпитеттæй æмæ абарæнтæй. Секъайы сфæлдыстадон стиль нарты таурæгъты стильмæ хæстæг кæй у, уый тыххæй æрхæссæн ис бæрæг- гæнæнтæ. Мæнæ тыхджын уарыны æрфыст нарты таурæгъты: «Уайтагъд арв æрбахгæдта. Уарын байдыдта æмæ æх- сæвбонмæ ныууарыд æнусы цъити æмæ залты мит, стæй сыстад зилгæдымгæ, тухгæ уад æмæ бæстæ хаста: хæ- дзарæй-хæдзармæ акæсæн нал уыдис». (Нарты таурæгъ- тæ, Дзæуджыхъæу, 1956 аз, фарс 40). Секъамæ: «...Бæстæ нытталынг, ныммæйдар. Уарын байдыдта. Арв нæрыди, æрттывта. Тыгъдызæй уарын митæмхæццæ уылæнтæ кодта». Каенæ: «Сау мигъы тымбылтæ комæй- коммæ лиуырдтой. Цæгат фарсы тымыгъ миты хъæ- пæнтæ æфцæгæй æфцæгмæ æппæрста» («Мад æмæ фырт»). Нарты эпосы Дзерассæйы хъарæг æвдыст цæуы афтæ: «йæ дзыккутæ тоиы, йæ рустæ рæдувы, хъарæг кæны, æмæ хъарæгæй арауынц хæхтæ; сырдтæ дæр ныхъхъус сты арф хъыгæй... йæ тæригъæдæй мæрдты сæрмæ сбадт кæуындзаст сау мылазон мигъы сыг» (уым, ф. 13). Секъа та Дысайы хъарæг æвдисы афтæ: «Бæстæ хъарæг сси. Дысайы кæуынæй бæстæ бадон уыдаид, цæс- тысыг фестадаид. Фæлæ къæдзæхтæ дæр нал зындысты миты хъæпæнтæй» («Дыса»). Дызæрдыккаг нæу, ацы æрфыстытæ, нывтæ кæрæдзи- мæ хæстæг кæй сты, Секъа нарты таурæгъты аивадон мадзæлттæй кæй пайда кодта. Сæ иумæйаг миниуæг у архайды цырддзинад, гиперболон эпитеттæй æмæ аба- рæнтæй пайда кæнын. Нарты эпосы: «хъарæгæй ара- уынц хæхтæ; сырдтæ дæр ныхъхъус сты арф хъыгæй», 73
Секъамæ: «Дысайы кæуынæй бæстæ бадон уыдаид/цæс- тысыг фестадаид» æ. æнд. ахæмтæ. / Нарты эпосы стиль, нарты таурæгъты традйцитæ зы- нынц, Секъа портрет (сурæт) куыд аразы/ уым дæр. Нарты эпосы портрет стыр бынат нæ ахсьГ, геройтæн се ’ппæты портреттæ æвдыст нæ цæуынц; Кæд дзы хатгай фæзыны портреттæ, уæддæр бæстон-бæстон лæвæрд нæ фæцæуынц, адæймаджы сурæт нывгонд æрцæуы цалдæр дзырдæй, фылдæр хатт иугæндзон эпитеттæй æмæ аба- рæнтæй. Зæгъæм: Батырадз у «саудзагъд æмæ къуыпп ных лæппу», йæ цæстытæ сасиры чъилтыйас; Хæмыц — болатрихи, Уырызмæг — урс зачъе зæронд лæг. Сылгоймаджы рæсугъддзинад чи фæбæрæг кæны, ахæм эпитеттæ арæх вæййынц: даргъ дзыккутæ, сау цæс- тытæ æмæ нарæг астæу. Рæсугъд чызджы сурæт фæлынд- гæйæ, Секъа дæр арæх фæпайда кæны уыцы адæмон иугæндзон эпитеттæй, йæхирдыгонау сæ тынгдæр сæртти- вын кæны, афтæмæй. 1 Мæнæ бæрæггæнæнтæ. Æвддæсаздзыд Сафиаты сурæт Секъа равдыста ахæм дзырдтæй: «Йæ сау цæстытæ дзе- дыры нæмыгау сау æндæрг хастой. Иæ сау æрфгуытæ лæгъз фæтæн ныхыл кæрæдзимæ сæ ных сарæзтой. Йæ сау дзыккутæ сынтыбазыртау, рæтæны стæвдæн, зæвæт- тæ æмбæрзтой. Иæ фидауцджын тæнæг былтæй æнгом дæндæгтæ миты хъæпæнау урс æрттывд кодтой. Йæ на- рæг астæу, сæвджын фæтæн риу лæджы зæрдæ йæхимæ скъæфта». Манидзæйы сурæт фæлындгæйæ фыссæг пайда кæны ахæм эпитеттæй: «Манидзæ — æхсæрдæс аздзыд, чындз- дзон чызг: ныллæггомау, нарæгастæу, тымбылдзæсгом, сырх уадул, сау цæст, сау æрфыг. Ставд сау дыууæ дзык- куйы быды зæвæттыл æнцадысты. Иæ сæвджын риу лæ- джы зæрдæ йæхимæ скъæфта». Азауæн дæр уыд «фидауцджын сау цæстытæ», «тæ- нæг былтæ», «сырх уадултæ». Æз афтæ нæ зæгъын, адæймаджы сурæт аразгæйæ, Секъамæ нæ уыд йæхи ахорæнтæ, йæхи миниуджытæ. Æнæмæнг — уыдысты. Секъа цы сурæт сфæлынды, уым æргом фæзыны йæ цæстæнгас: фыд-зæрдæ адæймаджы сурæт ын вæййы фыдуынд, æнæзæрдæмæдзæугæ, кæй сурæт вæййы, уы- мæн йæ митæ æмæ йæ хъуыдыты хуызæн; хорз зæрдæ адæймаджы сурæт та вæйны рæсугъд. 74
Секъа бæлвырд нæ фыссы Ерыстау æлдары сурæт («Арагуйы Ерыстау æлдар»), æрмæст ын чысыл штрих- тæй æвдисы «йæ рæсыд сырх стыр цæстытæ». Ахæм чы- сыл штрихтæй æвдыст цæуынц йе ’нæуынон геройтæ: радзырд «Айссæ»-йы фыд-зæрдæ чапар Бибойæн уыд «нард гуыбын», «Иуанейæн та уыд рæсыд гуыбын». Фыссæгæн æнæуынон чи уыди, уыцы Мацкъайы су- рæт сныв кодта ахæм дзырдтæй: «Чысыд, цыбыр лæг, стыр æмæ гуыбыр фындз, арф цъæхцæстытæ, фæлдæхт хъуынджын æрфгуытæ, сау цыргъ уадултæ, хъуынджын рихитæ, — иудзырдæй, хæйрæджы цæстæнгас лæвæрдта». Канд портреттæ фысгæйæ не ’вдисы Секъа йæ цæст- æнгас афтæ æргомæй$Алы нывы дæр, алы пейзажы дæр, алы æрфысты дæр бæлвырд зыны фыссæджы цæстæнгас. Арæх йæ цæстæнгас æвдыст æрцæуы публицис- тикон хуызы, цаутæн æмæ хъуыддæгтæн комкоммæ аргъ кæнгæйæ, кæнæ фаугæйæ, кæнæ æппæлгæйæ. Уый у Се- къайы сфæлдыстадон стилы миниуæг. Секъамæ гуырдзиаг фыссæг Хъазбегийы сфæлдыста- ды тæваг кæй хæццæ кодта, уый гуырысхойаг нæу, Цомахъ фыста: «Секъайы радзырдтæм «Азау», «Зæлда», «Дыса», «Саударæг ус» æмæ æндæртæм, æнæмæнг, хæц- цæ кæны Хъазбегийы сфæлдыстады тæваг». Æмæ уый æцæг афтæ у. Дыууæ фыссæджы сфæлдыстады ис бирæ иудзинæдтæ, дыууæ фыссæджы дæр фыссынц иу рæстæ- джы цауты тыххæй (дыууæ дæр сæ уацмысты цаутæ хæссынц, Гуырдзыстон Уæрæсеимæ куы баиу, кæнæ куы иу кодта, уыцы дугмæ), сæ дыууæмæ дæр ис Ерыстау Нугзары обрæз. «Мæ фыццаг ныхас», зæгъгæ, Секъа йæ радзырды фыста: «Мæ чиныджы ис гуырдзиаг нæмттæ, гуырдзиаг æлдæртты койтæ, æмæ уый тыххæй кæсджытæ зæгъдзы- сты: мæнæй уый ацы таурæгътæ гуырдзиаг чингуытæй райста, зæгъгæ». Фæлæ уый раст нæу, зæгъы Секъа. Уый, дам, уымæн афтæ у, æмæ Хуссар ир, Арагуйы ко- мæй фæстæмæ Гуырдзыстоны æлдæртты цагъар уыдыс- ты — хъалон сын фыстой, куыстой сын «æмæ уый тых- хæй сæ таурæгътæ дæр æмхæццæ зынынц. Бæрæг у, Секъа йæ таурæгътæ гуырдзиаг чингуытæй кæй нæ иста, фæлæ йе ’сфæлдыстадыл гуырдзиаг фыс- сæг Хъазбегийы тæваг кæй фæзынд, уый бæлвырд у. Уый зыны хæххон æрдзы нывтæ фысгæйæ дæр, геройты зæр- дæйыуаг раргом кæныны хъуыддаджы дæр, æрдзы ныв- 7.г>
тæ адæймаджы зæрдæахастимæ бæттыны хъуыддаджы дæр. Хъазбегийы сфæлдыстады чызджы зæрды уарзон- дзинад куыд æваст ссудзы æмæ кæрæй-кæронмæ куыд фидарæй баззайы, афтæ Секъайы уацмысты дæр чызджы зæрдæйы уарзондзинад ссудзы æваст (Манидзæ, Айссæ, Гуырдзыхан), сæ уарзт вæййы иузæрдон. Хъазбегийы уацмысты дыууæ уарзон адæймаджы куы фембæлынц, уæд сын сæ циндзинад фехалы исты æнæн- хъæлгæ хъуыддаг. Мæнæ куыд фыссы Хъазбеги: «Охва- ченные одним порывом, они (Онисэ æмæ Дзидзиайæ) потянулись друг к другу, их влекла невидимая сила, еще минута, и губы их слились в поцелуе»... Как долго могла бы продлиться эта минута — кто знает! Только случайность вывела влюбленных из за- бытья («Хевисбери Гоча»). «Это прикосновение отняло у обоих последние силы. Их губы соединились в долгом поцелуе. «Но вот поблизости послышались голоса женщин» (уый дæр уым). ...«Неизвестно, как долго оставались бы они в этом блаженном состоянии, но раздались чьи-то голоса, и они опомнились» («Элгуджа»). Уарзæтты циндзинад æваст фескъуынын у Хъазбеги- йы характерон миниуджытæй иу. Уыцы миниуæг ис Се- къайы аивадон мадзæлтты арсеналы дæр. Æрымысæм ма Хъази æмæ Зæлдайы фембæлд, сау суадон сын сæ уарзон ныхæстæн фæлмæн куыд хъыр- ныдта. Уыцы адджын фембæлды кæрон фыссæг ахицæн кодта афтæ: «Хуыцау зоны, кæдмæ фæбадтаиккой, кæд- мæ кæрæдзиуыл фæцин кодтаиккой, фиййау сын куынæ фехæлдтаид сæ рæстæджы æнцойдзинад, уæд» («Зæлда»). Кæнæ Азау æмæ Таймуразы фембæлд: «Дыууæ дзыхы кæрæдзиуыл андæгъдысты. Иудзæвгар сахаты фæстæ сгæллады хуызæн кæрдæгыл æрбадтысты, æмæ сæ уынæр нал ссыд, æрмæст ма сæ баты гæзæмæ змæлын æврагъы æнкъуысын кодта. Хуыцау зоны, кæдмæ фæбадтаиккой, къæвда сын сæрæстæг куынæ фехæлдтаид, уæд, («Азау»). «Саударæг ус»-ы Гуырдзыхан æмæ Джирголы адджын фембæлд дæр Секъа фæци афтæ: «Хуыцау зоны, кæдмæ фæбадтаиккой уыцы ран, æндæр фиййау сын се ’нцой- дзинад куынæ фехæлдтаид, уæд». Æз афтæ нæ зæгъын æмæ Секъа Хъазбегийы хъуыды- тæ райста, æз зæгъын — йе ’сфæлдыстадон методæй æмæ 76
пын пæ традицитæй пайда кодта, зæгъгæ, æмæ уым хорз недтæмæ æвзæрæй- ницы ис. Ацы хъуыддагыл бæстондæр куы дзуриккам, уæд бафиппайæн ис канд æмхуызондзинæдтæ нæ, фæлæ Хъазбеги æмæ Секъамæ хицæндзинæдтæ дæр бирæ кæй ис, уый. Кæд сæ иухуызон мотивтæ (сæрибардзинад хъахъхъæнын, æлдары ныхмæ тох кæнын, лæджыхъæд æмæ хорз æгъдау бæрзонд æвæрын, гæды æмæ мæнгард- дзинад ныллæг кæнын) гуырдысты, кæрæдзимæ хæстæг чи цыд, æмхуызон уавæрты чи уыд, ахæм сæрибар уар- заг хæххон адæмты цард кæй æвдыстой, уымæй, уæд сæ хицæндзинæдтæ та æвзæрдысты сæ социалон уавæртæм æмæ сæ зондахастмæ гæсгæ, стæй сæ индивидуалон сфæл- дыстадон курдиатмæ гæсгæ. Хицæн æхсæнадты, хицæн кæмтты æхсæн цы ныхмæдзинæдтæ уыд, уыдон æвзар- гæйæ, Хъазбеги арæх ирæтты фæдæлдæр кæны, уыдон иннæтæй арæхдæр разынынц мæнгард æмæ гадзрахатæй цæуæг, тæппуд æмæ давæг. Ахæм национ цыбырдзинад Секъамæ нæй, уымæн æмхуызон зынаргъ сты фæллой- гæнджыты бартæ, фæнды гуырдзиаг уæнт, фæнды ирон. йе ’ппæрццæг, йе ’нæуынон архайджытимæ ис ирæттæ дæр, гуырдзиæгтæ дæр, сомихæгтæ дæр, фæлæ уыдон вæййынц кæнæ æлдæртты фæсдзæуинтæ, кæнæ паддзахы хъузæттæ, сæ цæсгæмттæ чи ауæй кодта, ахæмтæ. Хъазбеги дæр пайда кодта адæмон сфæлдыстадæй, гуырдзиаг таурæгътæй «Хевисбери Гоча», зæгъгæ, уыцы уацау фæци ахæм дзырдтæй: «Ацы уацау мын радзырд- та, куыддæриддæр у, афтæмæй иу хиуаг Джиджа Хуле- ли». Кæй зæгъын æй хъæуы, Хъазбегийы размæ уыд стыр литературон традицитæ, æмæ адæмон сфæлдыста- ды традицитæ Секъайыл фæзындысты, Хъазбегийыл цас фæзындысты, уымæй бирæ тынгдæр. Секъайы сфæлдыс- тады сæхи тыхджын æвдисынц таурæгъгæнджыты ми- ниуджытæ. Ацы хъуыддаджы æз разы дæн Джусойты Нафиимæ. Уый фыссы: «Фыццаджы дæр зæрдыл дарын хъæуы уый, æмæ Секъа, базырджын дзырдтæй зæгъгæйæ, «фысгæ» нæ кодта, фæлæ кодта «дзургæ». Дзургæ та кодта, аев- вахс дæр æм чи уыд, уыдонæн: йæ хæстæджытæн, йæ хъæубæстæн... Ахæм таурæгъгæнæг фыццаг фæдзуры, цы федта, кæнæ цы фехъуыста, уый, æрмæст æцæг чи ’рцыд, ахæм таурæгъ»,1 1 Нафи Джусойти. Сека Гадиев, Сталинир, 1958, ф. 178. 17
«Дзурыны» бындурыл арæзт кæй сты Секъайы тау- рæгътæ, уый зыны сæ аивадон хицæндзинæдтыл дæр. Секъа йæ таурæгътæй алкæмæн дæр лæвæрдта сæр- магонд нысаниуæг. Хъуамæ «хъусджытæ» базоной, цы хабар, цы таурæгъ сын дзуры, уый бæстон дæр. Уымæ гæсгæ-иу хатгай йæ уацмысты бакодта хицæн радзырд- тæ, хицæн таурæгътæ, цæмæй сæйраг таурæгъы ахс- джиагдæр хъуыды хуыздæр æргомгонд æрцæуа, хъус- джыты зæрдæмæ тынгдæр бахъара. Афтæ «Манидзæ æмæ Садуллæ», зæгъгæ, уыцы тау- рæгъы фыссæг бавæрдта æндæр таурæгъ, æмæ уый æв- дисы Бабалейы тæригъæдтаг хъысмæт, арæзт у ирæды ныхмæ, æргом кæны Манидзæйы хъуыдытæ ирæды тых- хæй. Ахæм бавæргæ таурæгъ у Секъайы аивадон мадзал æмæ баст у адæмон сфæлдыстадимæ, «дзургæ» литера- турæйы традицитимæ. Иæ алы таурæгъæн дæр хицæн сæрмагонд нысаниуæг кæй дæтты Секъа, уыцы хъуыддагимæ баст у, хицæн фразæтæ, æмбисæндтæ иу таурæгъæй иннæмæ кæй ра- хæссы, уый дæр. Цыма афтæ зæгъынмæ фæхъавы Секъа: хуыздæр мæм цы ис — рæсугъд хъуыдыйæ, æмбисондæй, эпитетæй, уыдон алы таурæгъы дæр зæгъон, уадз æмæ сæ фехъусой, чи мæм хъусы, уыдон. Цы хабæрттæ нын фæдзуры, уыдон кæд цыдысты, уый хуыздæр бацамоныны тыххæй Секъа ногæй æмæ но- гæй нæ зæрдыл æрлæууын кæны Гуырдзыстон Уæрæсеи- мæ куы баиу, уыцы дуг. Ацы дзырдтæ чысыл æндæр- хуызæнгондæй æмбæлынц йæ бирæ уацмысты. «Мæгуы- рæй адæм дардмæ лидзынц, амонд та йæм хæстæг нæ цæуы» — ацы æмбисонд дæр Секъа æрхæссы арæх йæ бирæ таурæгъты. «Рæстæг уыцы иухуызон саутар мла- зон хаста» — уый дæр у Секъайы уарзон фразæ. йæ хъайтарты риуы уарзондзинад куыд тыхджын ссудзы, уый æвдисгæйæ Секъа пайда кæны иухуызон эпитеттæй æмæ абарæнтæй. Уымæн мæнæ цалдæр бæрæг- гæнæны: «Гуырдзыхан æмæ Джиргол кæрæдзи куы фед- той, уæд кæрæдзи уарзондзинадæй сæ зæрдæ ссыгъди, цыма сын сæ зæрдæ тæвд æфсæйнаг тæлы æрбалвæста, æрбалхъывта, иу дзырд дæр сæ бон нал уыди», — афтæ фыссы Секъа «Саударæг уо»-ы. «Йæ зæрдæ йын цыма тæвд æфсæйнаг тæлы æрбалвæста, уарзондзинады артæй сыгъд» («Садуллææмæ Манидзæ»). Айссæйæн «Ахмæты- 78
уарзондзииадæй йæ зæрдæ ссыгъди, цыма йын йæ зæр- дæ тæвд æфсæйнаг ссыгъта. Хурхы уадындзтæ адымс- тысты, арæсыдысты уарзондзинады артæй æмæ иу дзырд дæр йæ бон нал уыди» («Айссæ»). Ахæм æмхуызон хъуыдыйæдтæ бирæ ис Секъамæ, фæлæ сыл нал фæдзурдзыстæм. ? Секъа ирон литературæмæ бахаста, уæды онг дзы чи нæма уыд, ахæм фæзминаг обрæзтæ. Бахаста æнæуыно- нæн кæй сныв кодта, ахæм типтæ дæр (Нугзары, Зарбе- джы, Теджиайы æмæ æндæртæ). Уыцы типтæ æмæ обрæзтæй Секъа зынгæ фæхъæздыг- дæр кодта ирон литературæ. Хъæздыг у Секъайы дзырдуат, рæсугъд æмæ хæрз æхсæст — йæ хъуыдыйад, йе ’взаг — лæгъз æмæ бæлвырд эпитеттæй æмæ абарæнтæй фæлындгонд. ,
ИРОН СЫЛГОЙМАГ-ФЫССÆГ КОЧЫСАТЫ РОЗÆ Октябры революцийы агъоммæ ирон литературæйы уыдис æрмæст дыууæ сылгоймаг фыссæджы -г- Кочысаты Розæ æмæ Коцойты Ленæ. Дыууæ дæр сæ тыхтæ æвзæрс- той драматургийы. Кочысаты Розæ ныффыста цалдæр пьесæйы, уыдонæй уæлдай тынгдæр хъуыстгонд уыди комеди «Гæды лæг» (кæнæ «Нæ пъырыстыф сæрра»). Коцойты Ленæ ныффыста иу пьесæ «Ног ахуыргæнæджы фыццаг бон скъолайы». Нæ ныхас уыдзæн Кочысаты Розæйы тыххæй, фæлæ, æвæццæгæн, аипп нæу, иу-дыууæ ныхасы зæгъын Коцой- ты Ленæйы пьесæйы тыххæй дæр. Коцойты Ленæйы пьесæ «Ног ахуыргæнæджы фыццаг бон скъолайы», мыхуыргонд æрцыд хицæн чиныгæй 1908 азы, Дзæуджыхъæуы, Шуваловы типографийы. Архай- джытæ дзы ис: Аксо — ахуыргæнæг, Созо — сторож, Гига — скъоладзаутæй иуы мад, Уари — скъоладзау Дзибойы фыд æ. æн. Автор æмтгæй раст æвдисы, ирон хъæууон скъола Октябры революцийы агъоммæ цы уавæры уыд, уый. Хъæууон адæмæн сæ фылдæр бамбæрстой ахуыры рухс æмæ сæ сывæллæтты скъоламæ æрвыстой, фæлæ дзы уыди, йæ цардæй бузныг чи уыд æмæ йæ сывæллоны скъоламæ чи нæ уагъта, ахæмтæ дæр. Уыдонæй иу у Уари. Уари у æнахуыргонд адæймаг, мулкыл фæхæст, æмæ дзы уымæй ис ныфс. Аксо лæгъстæ кæны Уаринæн, дæ фырты скъолайы уадз æмæ ахуыр кæна, зæгъгæ, амо- ны йын — ахуыр рухсы фæндаг у, æнахуыр — талынг. Фæлæ Уаримæ нæ хъарынц уыцы ныхæстæ. «Уый тых- хæй мын иу ныхас дæр ма зæгъ, мæхæдæг зонын мæ хæ- дзары æгъдау, — зæгъы Уари ахуыргæнæгæн. — Хуыца- 80
уæй бузныг, мæгуыр ие ’стæм, ис нæм алцы дæр. Хъа- захъаг æй нæ ауадздзыпæн, хицæуттæн иучысыл исты куы авæрон, уæд æй рауадздзысты, æмæ нæ хæдзары уы- дзæн... Мах хъал не ’стæм, чиныджы кæсынмæ нæ не ’вдæлы». Пьесæйы хорз æвдыст цæуы хъæуыхицау. Уый у æна- хуыргондæй сæрыстыр адæймаг, паддзахы заманы бюро- кратон администрацийы миниуджытæй у хайджын: гæр- тæмттæ исы, скъоладзауты уазалæй мары, ахуыргæнæг ын уæлдай гæды митæ кæй нæ кæны, уый тыххæй; домы, цæмæй йын скъоладзауты конд халсартæй хæдзармæ хæйттæ кæной. Ахæм хъæуыхицæуттæ æмæ Уарийы хуызæттæ иу æмæ дыууæ нæ уыд ирон хъæуты; раст, æцæг хуызы сæ æвди- сы Коцойты Ленæ. Фыссæг, йæ пьесæмæ гæсгæ, хæст у рухсадон-прогрессивон хъуыдытыл. Иæ ахуыргæнæг у, ног методтæй чи кусы, «лæдзæджы метод» иуварс чи аппæрста æмар скъоладзаутимæ фæлмæн ныхасæй чи ар- хайы, ахæм адæймаг. Уый уарзы сывæллæтты, уарзы йæ хъуыддаг, фæнды йæ, скъоладзауты нымæц фылдæр куы кæнид, хуыздæр куы ахуыр кæниккой. Уыдон уыдысты, уыцы рæстæджы ахсджиаг чи уыд, ахæм фæндиæгтæ. Коцойты Ленæйы пьесæйыл æнæмæнг фæзынд 1905 азы революцийы тæваг. Хъæуыхицæутты æмæ Уарийы хуызæн хъæууон лæгты кæй рафаудта, кæй сыл худын кæны адæмы, уый у уымæн æвдисæн. Фæлæ фыссæг уы- цы критикæйæ дарддæр нæ ацыд, йæ ахуыргæнæгмæ нæ разынд революцион зонд æмæ тых талынгдзинады ных- мæ схæцынмæ. Коцойты Ленæйы пьесæ «Ног ахуыргæнæджы фыццаг бон скъолайы» аивадон æгъдауæй бæрзонд нæу. К.онф- ликттæ цæуынц уæлæнгай æвдыст, архайд цæуы хуымæ- тæг диалоджы хуызы, монологтæ хатгай вæййынц æнæ- хъуаджы даргъ. Коцойты Ленæйы пьесæ йæ аивадон ма- дзæлттæм гæсгæ лæмæгъ у сценæйы æвæрынмæ, æмæ йæ арæх æвæргæ дæр нæ кодтой. Аивадон æгъда- уæй бирæ тыхджындæр сты Кочысаты Розæйы пьесæтæ. Кочысаты Розæ1 райгуырдис 1888 азы майы 12-æм бон 1 Кочысаты Розæйы биографион цаутæ фыст цæуынц профессор Æлборты Барисы æрмæгмæ гæсгæ. Кæс: Ирон литературæйы хрес- томати 6-æм къордæн, 1933 азы рауагъд, стæй Цæгат Ир. ахуы- радон институты архивы Æлборты Б. къухфыст Розæйы тыххæй. 6 Цард æмæ поээи 81
Олгинскæйы хъæуы. Йæ мад æмæ фыд уыдысты мæгуыр, æнахуыргонд зæхкусджытæ. Сæ бирæ даринæгтæ сын сæ цард ноджы уæззаудæр кодтой. Розæйы фыд Пыси стыр аргъ кодта ахуырдзинадæн, æмæ архайдта, йæ бон æмæ йæ фадат цас уыд, уыйас йæ цоты ахуыры фæндагыл саразыныл. Кочысаты Розæйыл аст азы куы сæххæст ис, уæд æй йæ фыд радта Олгинскæйы сылгоймæгты дыууæкъласон скъоламæ. Уыцы скъола дыууæ азмæ каст фæци æмæ бацыд Дзæуджыхъæуы ирон чызджыты приютмæ. Уым сахуыр кодта æртæ азы. 1901 азы Розæйы йе ’фсымæр Ташкентмæ акодта æмæ йæ уым радта сылгоймæгты гимназмæ. Гимназы Розæйы ахуыр цыдис хорз, 4-æм къласмæ бахызти хор- зæхимæ. Фæлæ 1903 азы Розæйы бахъуыдис Ташкенты йæ ахуыр ныууадзын æмæ фæстæмæ Дзæуджыхъæумæ раивын (йе ’фсæддон æфсымæр æндæр ранмæ ивд кæй æрцыд, уымæ гæсгæ). Дзæуджыхъæуы Розæ бацыдис сылгоймæгты фыццæгæм гимназмæ. 1905 азы Уæрæсейы буржуазон-демократон револю- цийы фæйлауæнтæ æрбанхъæвзтой Ирыстоны хъæутæм æмæ горæттæм дæр. Фæллойгæнæг адæммæ хъуысын байдыдтой революцион тохы хъæртæ; дзыллæтæ хъал кæнын байдыдтой се ’нусон фынæйæ æмæ агуырдтой сæ бартæ, сæрибар. Тох кодтой Уæрæсейы хæдхæцæг пад- дзахады ныхмæ, помещикты æмæ фабрикантты ныхмæ. Уæды онг æнцад æмæ мадзурайæ йæ уæззау цагъайра- джы уаргъ чи хаста, патриархалон æгъдæупы ныхмæ йæ сæр схъил кæнын æмæ сдзурын чи нæ уæндыд, уыцы ирон чызджытæм д&р бахъардта революцийы тæваг, сæ цæстытæ асæрфтой æмæ дунемæ ракастысты æндæр цæс- тæй, сæ ныфс фæфидар ис, фæзынди сæм тохы ны- сæнттæ. Уыцы хъуыддаджы бæрæггæнæнтæй иу у Дзæуджы- хъæуы ирон чызджыты скъолайы ахуыргæнинæгты пети- ци (домæн гæххæтт). 1905 азы октябры 22-æм бон ирон приюты чызджытæ педагогон советмæ балæвæрдтой курдиат ахæм домæн- тимæ: 1) æндæрхуызокгонд æрцæуæд приют, йæ про- граммæ ивд æмæ уæрæхгонд куыд æрцæуа, афтæмæй; 2) ахуыры пълантæм бахæссын хъæуы ирон æвзаг, уый уыдзæн нæ дарддæры рæзтæн æххуыс æмæ нын пайда уыдзæн райдайæн скъолаты ахуыргæнæджы куыст кæн- 82
гæйæ; 3) зынгæ къаддæр фæкæнын хъæуы хуыцауы ди- ны программæ æмæ ныууадзын хъæуы аргъуаны куывд- тыты тексттæ славяйнаг æвзæгтыл ахуыр кæнын; 4)" раст æвæрд æрцæуæд чингуытæ кæсыны хъуыддаг, хиахуыр бæрзонддæр кæныны тыххæй бар лæвæрд æрцæуæд къордтæ (кружоктæ) аразынæн; 5) театрмæ хуынд куыд цæуæм, афтæ, уый у хъомыладон хъуыддаджы стыр аха- дындзинад... 7) приютæн лæвæрд æрцæуæд æидæр, хуыз- дæр бынат; 8) ахуыры фæдыл нын экскурситæ арæзт цæуæд: сæрд быдырмæ, зымæг горæты фабрикæтæм, за- водтæм æмæ æндæр куыстуæттæм; 9) буарæй лæмæгъ чи у, уыдонæн дохтыры амындмæ гæсгæ лæвæрд цæуæд уæлдай хæринаг æмæ аф. дард.1 Канд ирон чызджыты скъолайы ахуыргæнинæгтæ нæ ралæууыдысты ахæм домæнтимæ. Иннæ скъолаты æмæ гимназты чи ахуыр кодта, уыцы чызг-фæсивæд дæр бамбæрстой сæ цагъайраг уавæр æмæ дзурын байдыдтой сæ бартыл. Ирон сылгоймаджы уавæр уæлдай зындæр кодтой фыдæлтыккон патриархалон æмæ феодалон æгъ- дæуттæ; уыдон сыл хъадамантау хæцыдысты, нæ сæ уагътой размæ сæ зæрдæйы фæндиаг ацæуын. Уыцы хъуыддаг тынг’бæстон æмæ тыхджынæй æвдыст æрцыди Брытъиаты Елбыздыхъойы зындгонд драмæ «Дыууæ хо- йы». Уыцы цагъайраг уавæры ныхмæ 1905 азы револю- цийы рæстæг дзурын байдыдтой ирон чызджытæн сæ раззагдæртæ, æмæ уыцы раззагдæртæй иу уыди Кочы- саты Розæ. Профессор Æлборты Барисы мысинæгтæм гæсгæ, 1905 азы, каникулты рæстæджы, Олгинскæйаг чызджы- тæй горæты чи ахуыр кодта, уыдонæн сæ хуыздæртæ, рухс зонд кæмæ уыд, уыдон къордтæ аразын байдыдтой æмæ-иу æмбырдтæ кодтой куы иу хæдзары, куы иннæйы. Се ’мбырдты-иу кастысты уырыссаг аив литературæ, уæлдай тынгдæр та уырыссаг стыр революцион-демо- крат Чернышевскийы уацмыс «Кæй аххос у?». Уыцы æмбырдты-иу чызджытæ декламаци кодтой, революцион ахаст кæмæн уыд, ахæм æмдзæвгæтæ, уæлдайдæр та ирон адæмы номдзыд поэт Хетæгкаты Къостайы æм- дзæвгæтæ: «Додой», «Æнæхай», «Æхсины лæг» æмæ æндæртæ. 1 Кæс «Материалы по исторнп осетинского народа^, том V, ф. 177. 83
Уыцы чызджыты къордтæм æнæмæпг хæццæ кодта социал-демократты тæваг. 1905 азы Цæгат Ирыстоны хъæуты революцион куыст чи кодта, уыдон зындгонд уыдысты фæллойгæнæг адæмы ’хсæп, уыдоны зыдтой æмæ сæм хæстæг цыдысты, прогрессивон зондахастыл хæст чи уыд, уыцы ахуыргæндтæ, уæлдайдæр та ахуыр- дзау фæсивæд. Кочысаты Розæ Дзæуджыхъæуы ахуыргæнгæйæ, æнæ- зонгæ нæ уыдаид революцион куыстгæнджыты. Олгинс- кæйы скъоладзау чызгфæсивæды раззагдæртæ се ’мбырд- ты чингуытæ кæсынæй дарддæр дзырдтой сæ царды уа- вæртыл, сæ бартыл, фыдæлтыккон сафинаг æгъдæутты ныхмæ. 1907 азы 22-æм апрелы, газет «Ног цард»-ы 13-æм номыры фæзындис статья, «Нæ Иры чызджытæм», зæгъ- гæ, ахæм сæргондимæ. Уыцы статьяйы бынмæ фыст уыд «Ирон чызг Олгинскæйæ». Уый уыди Розæйы фыст.1 «Куы айхъусай алы адæммæ, — фыссы Кочысаты Розæ, уыцы статьяйы, — уæд алчидæр сæрибары тыххæй дзу- ры æмæ йæ бон циу, уымæй сæрибардзинадмæ йæхи хъары»... «...Адæмæн сæ цæстытæ раргом сты æмæ рухс фед- той, фæлæ уæддæр уыцы рухсдзинадæй мах ницы ма уынæм». «Махæн нæ цæстытæ нæма раргом сты, — зæ- гъы дарддæр Розæ, — æмæ ницыма уынæм, уымæн æмæ нæ сæрæн не ’стæм æмæ сæрибардзинад нæхицæн нæ агурæм». Дарддæр Розæ бæстон æвдисы, ирæд ирон чызджыты цагъайраджы уавæрмæ куыд кæны, уый. «Ирæдмæ гæс- гæ мах фидæм цагъайраджы дуг, чындзы куы ацæуæм, уæд», — фыссы Розæ. Стæй фæстагмæ сиды чызджытæм: «Æгъгъæд у, æгъгъæд, чызджытæ, махæн уыцы ’гъда- уыл хæцын! Афон у махæн дæр сæрибардзинад агурын! Аппарæм нæ ирæды ’гъдау æмæ нæхи уæй кæнын мауал уадзæм. Æгадмæ æрцыдыстæм уыцы æгъдауæй. Адæм сæрибардзинады тыххæй сæ туг куы калынц, æмæ та- лынг ахæстæтты куы мæлынц, уæд нæ алчидæр йæ фыд- мæ афтæ бадзурын нæ уæнды: уæ, мæ фыд, æз дæ хъæ- бул дæн, æмæ мæ цагъайраджы уæй ма кæн!» 1 Ацы статьяйы тыххæй фыста Кочысаты М. «Ног документтæ Кочысаты Розæйы тыххæй», зæгъгæ; кæс г. «Рæстдзинад», 1940 аз. 84
Ацы ныхæстæ бæлвырд æвдисынц Розæйы прогресси- вон зондахаст, йæ рæстæджы ирон сылгоймæгты ’хсæн раззагдæртæй кæй уыд, уый. Розæ стох кодта, ирон сыл- гоймаджы цагъары бынаты чи æвæрдта, уыцы ирæды ныхмæ. йе ’статья фæци ахæм ныхæстæй: «Нæхуыдтæг, чызджытæ, куы нæ базмæлæм, уæд нæ ничи суæгъд кæн- дзæни цагъайраджы дугæй». Ацы фæстаг ныхас, чи зоны, йæ рæстæджы иуырды- гæй раст уыд — чызджытæн сæхи базмæлын хъуыд сæ бартыл хæцынмæ, фæлæ кæронмæ æцæг ссæрибар уæ- вынмæ уый æгъгъæд нæ уыд, уый тыххæй хъуыди цард- арæзты бындур аивын. Сылгоймæгты сæ цагъайраджы дугæй чи суæгъд кодта, ахæм стыр тых разынди комму- нистон партимæ; йæ сæргъы Ленин, афтæмæй, уый суæгъд кодта æппæт Уæрæсейы сылгоймæгты дæр æмæ уыдонимæ ирон сылгоймæгты дæр, Кочысаты Розæ сæм «цагъайраджы дугæй» суæгъд кæнынмæ куы сидти, уы- мæй дæс азы фæстæдæр, 1917 азы Октябры революцийы. 1905— 1906 азты Кочысаты Розæ ныффыста йæ пье- сæтæ: «Мæ уарзондзинад æви мæ фыды ныхас», «Зæхх ме ’вдисæн, хур мæ комдзог» æмæ «Гæды лæг» (кæнæ «Нæ пъырыстыф сæрра»). Пьесæтæ сценæйы æвдыст æрцыдысты 1905—1906 азты, æвæргæ та сæ кодтой, уæлдæр цы ахуыргæнинаг чызджыты къордты кой код- там, уыдон, Кочысаты Розæ йæхæдæг дæр семæ, афтæ- мæй. Розæ Олгинскæйы чызджыты драмон къорды йæ- хæдæг хъазыдис йæ пьесæты сæйраг рольтæ, къордæн лæвæрдта разамынд. Кочысаты Розæйы пьесæтæй йæхи рæстæджы мыхуы- ры фæзындис æрмæст иу — «Гæды лæг» фыццаг ирон журнал «Зонд», зæгъгæ, уым 1907 азы 1-аг æмæ 2-аг но- мырты, стæй та 1908 азы мыхуыргонд æрцыд хицæн чи- ныгæй æмæ уæдæй фæстæмæ арæх æвæрд цыдис хъæууон сценæты. Фæстагмæ Кочысаты Розæйы комеди «Гæды лæг» æндæр ирон комедитимæ æвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театры сценæйы дæр. Кочысаты Розæ амардис 1910 азы февралы мæйы. Ныгæд æрцыд Салыгæрдæны уæлмæрдты. Кочысаты Розæйы сфæлдыстад стыр æмæ бирæ къа- базджын нæу. Уæлдæр куыд загътам, афтæ йæм уыд 85
пьесæтæ: «Гæды лæг», «Мæ фыды ныхас æви мæ уар- зондзинад» æмæ «Зæхх не ’вдисæн, хур мæ комдзог». Уыдонæй дæр иу, фæстаг, фесæфтис, æмæ йын Æлборты Барисы мысинæгтæм гæсгæ зонæм æрмæстдæр йæ сюжет, йæ текст бæлвырд бæрæггонд нæу. Розæ ма, зæгъынц, фыста æмдзæвгæтæ дæр, фæлæ йæ къухфыстытæй ма- хонг ницы æрхæццæ ис. Æрмæст йæхи къамыл кæй ныф- фыста зæрдыл дарынæн йæ хæлар чызджытæй иуы но- мыл, уыцы цыбыр лирикон æмдзæвгæйы йедтæмæ. Розæ йæ хъус дардта адæмон сфæлдыстадмæ. Ирон зарджыты æмæ хъарджыты арф хъуыдытæ йын йæ зæр- дæ агайдтой. Иу-цалдæр хъарæджы æмæ куывды тексты баззади Розæйы архивы. Адонмæ ма куы бафтауæм, раздæр цы статьяйы кой кодтам, «Ирон чызджытæм», зæгъгæ, уый, (уый та æвдисы публицистон куыстмæ йæ хъус кæй дардта), уæд æргомдæр уыдзысты Кочысаты Розæйы литературон интерестæ. Розæ йæ пьесæтæн агуырдта æнахуыр сюжеттæ, ис- та, æрвылбоны царды чи нæ фембæлы, ахæм цаутæ. Йæ уацмысты бындур баст у адæмон сфæлдыстадимæ. «Гæды лæг» у дыууæ актон цыбыр комеди, арæзт у хъæлдзæг водевилы уагыл. йæ сюжет у хуымæтæг. Умар- хан æхца ссардта. Уыцы хабар йæ ус нæ акой кæндзæн æмæ пъырыстыфы хъустæм нæ бахæццæ уыдзæн, ууыл йæ зæрдæ нæ дары, æмæ æрымысыд диссæгтæ: цыма уыцы бон йæ къæппæг кæсаг æрцахста, йе ’нгуыр та — тæрхъус, гæдыйы хъыллистæй та афтæ зæгъы: «Уый дæ- лæ нæ пъырыстыф сæрра ис æмæ йæ сбастой æмæ йæ нæмгæ, хъыллистытæ кæнгæ фæтæрынц». Куыд æнхъæл уыд, хъуыддаг æцæг афтæ рауад. Ус айхъуысын кодта, æхца ссардтам, зæгъгæ, æмæ ныхас пъырыстыфмæ ба- хæццæ. Умархан фервæзт йæ цыргъ зонды фæрцы. Комедийы идейон-мидис равзарыны агъоммæ зæгъын- мæ хъавын йæ адæмон бындуры тыххæй. Розæ йæ коме- дийы сюжеты бындуры цы диссæгты хабар æрæвæрдта, уый алыхуызы вариантты æмбæлы уырыссаг аргъæутты дæр æмæ ирон адæмон сфæлдыстады дæр. А. Н. Афана- севы «Уырыссаг адæмы аргъæутты» III томы (1940 азы рауагъд) ис Кочысаты Розæйы комедийы «æмбисондон» бындурмæ хæстæг чи у, ахæм æртæ аргъауы (№№ 441 — 443). Фыццаг аргъауы сюжет у афтæ: Лæг хъæды аджы дзаг ссардта сызгъæрин. Лæг тæрсы, йæ ус дзæгъæлдзых у æмæ сæ акой кæндзæн, зæгъгæ. Цæмæп йæ фæд бам- Я6
бæхса, уый тыххæй æрхъуыды кодта ахæм хъуыддаг: кæс&г балхæдта æмæ йæ бæласæн йæ тæккæ цъуппыл сауыгъта, тæрхъус балхæдта æмæ уый та кæсаг ахсæн къутуйк бакодта. Уый фæстæ сæхимæ æрцыд æмæ йæ усæн загъта сызгъæрик ссардтон, зæгъгæ. Усæй дзырд райста, аць^ хъуыддаг кæй никæмæн зæгъдзæн, уый тых- хæй, æмæ йæ уæд акодта сызгъæрин хæссынмæ. Хъæд- мæ куы бахæццæ сты, уæд лæг бæласмæ скаст æмæ йæ усмæ дзуры: «Уæлæ ма скæс, усай, бæласыл кæсаг æр- зади». «Марадз, æмæ йæ райс, — загъта ус, — не ’хсæ- вæр дзы арвитдзыстæм». Лæг кæсаджы райста бæласæй. Цæуынц дарддæр. Лæг загъта: «Усай, цон, æз, доны кæ- саг ахсæн къуту абæрæг кæнон». Ацыд, стæй йæ усмæ дзуры: «Мæнæ нæ къуту тæрхъус æрцахста». — «Тагъд æй рахæсс, кæд æрцахста, уæд, бæрæгбонмæ нын сбæз- дзæн», — загъта ус. Уый фæстæ аджы дзаг сызгъæрин рахастой. Фæндагыл ус дзуры: «Лæгай, уæ лæгай! Цыма фысты уасын цæуы?» — «Цавæр фысты уасын, уый не ’лдары хæйрæджытæ стигъынц, æмæ уый уасы». Ауады- сты та иудзæвгар. Ус та дзуры: «Лæгай, цымæ стуры богъ-богъ цæуы?» — «Цæй стуры, уый не ’лдары хæй- рæджытæ стигъынц æмæ уый богъ-богъ кæны». Стæй та йæ фæрсы: «Цыма бирæгъты ниуын цæуы». Уымæн дæр та фыццаджы хуызæи загъта... Иухатт ус йæ лæгмæ фæ- мæсты. Азгъордта æмæ се ’лдарæн загъта: «Нæ лæг аджы дзаг сызгъæринтæ ссардта, æмæ йын сæ байс, науæд ра- сыг кæны æмæ мæ нæмы». Æлдар цалдæр зæронд лæги- мæ æрбацыд æмæ дзы домы сызгъæринтæ. Лæг афтæ зэегъы: ницы ссардтон, ус афтæ зæгъы: ссардта. Ус ра- дзырдта, уыцы бон бæласæй кæсаг райстам, нæ къуту та тæрхъус æрцахста. Стæй, дам, не ’лдары хæйрæджытæ стыгътой æмæ уасыд, богъ-богъ кодта, ниудта. Æлдар хъуыста, хъуыста, стæй усмæ смæсты, ай æрра куы у, зæгъгæ, æмæ йæ надæй акъæртт кодта. Иннæ дыууæ аргъауы дæр ныхас цæуы, йæ дзыхы дзырд чи нæ уромы, ахæм усы тыххæй, уым æвдыст цæ- уынц алыхуызон диссаг цаутæ. Ахæм æмбисонд аргъæуттæ ис ирон адæммæ дæр. Кочысаты Розæйы комедийы сюжетмæ хæстæг чи у, иу ахæм аргъау фыст æрцыдис 1959 азы дæргъæвсаг 95 аз- дзыд Бæдтиаты Джетъесайы ныхæстæм гæсгæ (аргъауы текст ис Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæг институты архивы). Ам дæр мæгуыр лæг æхиа ссардта, йæ ус йæ 87
дзыхыл хæцаг нæ уыд, æмæ афтæ сарæзта, цыма Лæ къæппæг кæсаг æрцахста, йе ’нгуыр — тæрхъус. Фа^таг- мæ хъуыддаг судмæ бацыд, æмæ ус дзæгъæлдзыхьш ны- мад æрцыди. 7 Розæ, чи зоны, зыдтаид уырыссаг аргъæугры, чи зо- ны, фехъуыстаид ирон аргъау дæр. Мах бæл^ырд нæ зо- нæм, комкоммæ кæцы аргъауæй спайда кодта йæ коме- дийы, фæлæ дызæрдыггаг нæу «Гæды лæг», зæгъгæ, уыцы комедийы сюжеты бындуры адæмон аргъау æвæрд кæй æрцыд, уый. Цы зæгъынмæ хъавыди фыссæг йæ комеди фысгæйæ, цавæр хъуыдытæ нын æвдисы? Фыццаг æркæсгæйæ афтæ зыны, цыма автор ахсджиагдæр хæсæн йæ разы æвæры дзæгъæлдзых устытыл худын. Ахæм хуызы арæзт у сюже- тæн йæ сæйраг хахх дæр (Умархан рагагъоммæ кæй æмбæрста йæ ус Мызылоны дзæгъæлдзыхдзинад æмæ йæ ныхмæ йæхи сраст кæныны охыл, фæдфæливæн мадзæлт- тæ кæй æрхъуыды кодта кæсаг æмæ тæрхъусы тыххæй, уый). Дзæгъæлдзых разынд сыхаг ус Къомиан дæр. Фæ- лæ дзæгъæлдзых устытыл фæхудынæй дарддæр фыссæг- мæ уыди æндæр, ахсджиагдæр хъуыдытæ. Фыссæг сæй- раг сюжетон хаххимæ, растдæр зæгъгæйæ та уый аууон, балхынцъ кодта æндæр сюжетон хахх; уыцы хахх та уыд хæдхæцæг паддзахы бынæттон хицæуттыл адæмы фæху- дын кæнын, уыдон æфсонæй-æфсонмæ æррайы бынаты æвæрын. Ахæм цаутæ æргом сты Кочысаты Розæйы уац- мысы: нæ пъырыстыф сæрра. зæгъгæ, кæм зæгъы Умар- хан Мызылонæн, уый, стæй Умархан афтæ кæм зæгъы: «Уыдоныл (ома пъырыстыф æмæ уый хуызæттыл) мард æрцæуæд», ноджы Мызылон пъырыстыфæн комкоммæ кæм загъта: «Афтæ ма йын зæгъ (дзуры тæлмацгæнæг- мæ), æз, зæгъ, нæ дæн æрра, фæлæ, зæгъ, мæнæ ды куы сæрра дæ, æмæ дæ, зæгъ, куы сбастой æмæ, зæгъ, ды хъыллистытæ куы кодтай, раст, зæгъ, гъе уæд...» Адæмон сфæлдыстады ис æлдар кæнæ суды кой. Ро- зæ уыдоны бæсты райста пъырыстыф, уый уыди паддза- хы чиновникты æхсæнтæккæ æнæуынондæртæй; уый уыд, хæдхæцæг паддзахы политикæ адæммæ чи хæццæ кодта, сæ царм сьтн чи стыгъта, ахæм адæймаг. Розæ нын æв- дисы, Уæрæсейы 1905 азы революцийы рæстæг пъырыс- тыфьт хъустæ куьтд «хъусаг» уыдысты, æппæт хъуыддæг* тæ дæо сæм цæсты фæпыкъуылдмæ куыд хæццæ кодтой, уьтп. Розæйæн бантьтсти йæ комедийæн алы худæг æф- 88
сæнтты аууон паддзахы бынæттон хицæутты — «стыр» пъырыЬтыфы æмæ «чысыл» фидиуæджы æцæг цæсгæмт- тæ равдкгын: сæ хиуарзондзинад, æнæхатыр æмæ гуы- мирыдзинад. Пьесæ «Мæ уарзондзинад æви мæ фыды ныхас» мы- хуыры фæзын^ æрмæст 1940 азы.1 Пьесæйы архайд рай- дайы афтæ. Зæронд лæг Зауырбег мæлгæ-мæлын йæ су- сæг хъуыдытæ раргом кодта йæ фырт Хъамболатæн. Уый йын загъта: дæ мад Зæлийы аскъæфта Курдиаты Естъа æмæ дæ сидзæрæй ныууагъта. Æз зылдтæн сæ фæдыл,— загъта Зауырбег, — фæлæ сыл никуы фæхæст дæн. Зæли æмæ Естъайæн чызг райгуырд, йæ ном Меретхан. «Уыцы æртæ удæй кæй никæуыл фæхæст дæн, уый маст мæ ин- гæны былыл æрлæууын кодта», — зæгъы дарддæр За- уырбег йæ фыртæн æмæ йын бафæдзæхста, цæмæй сæ йæ маст райса. «Агургæ йын йæхи кæн, — зæгъы фыд йæ фыртæн, — кæм фæхæст уай, уым та йын йæ чызгыл дæр ма аздæх фæхудинаг кæныныл». Хъамболат йæхи хæс- джын скодта уыцы хъуыддаджы æмæ маст исыны фæн- дагыл агурæг ацыд. Бафтыдис иу хæдзармæ. Ссардта Меретханы. Чи у, уый нæма базыдта, афтæмæй чызджы бауарзта. Чызг дæр бауарзта Хъамболаты. Фæстагмæ рабæрæг Мери чи уыди, уый. Хъамболаты зæрдæйы ссыгъд сагъæсы арт, йæ размæ æрлæууыд фарст: «Мæ фыды ныхас æви мæ уарзондзинад?» Зæрдæ фæсаджил- тæ, йæ размæ февзæрд цæлхдуртæ. Иуырдыгæй йæ фы- ды ныхас, аннæрдыгæй йæ уарЗондзинад, æмæ ма уы- донмæ æрбафтыд æртыккаг — Мери йæ мады зæнæг ра- зынд, йæ фыд ын афтæ кæмæй загъта, «кæм фæхæст уай, уым та йын йæ чызгыл дæр ма аздæх фæхудинаг кæны- ныл!» Чердæм цы кæна? Ацы хъуыддаг иуæй-иу критиктæ афтæ æмбарын код- той, цыма Розæ ирон æгъдæутты фарс хæцы, æмæ сæ бæрзонд æвæры. Уый раст нæу. Розæ ацы цыбыр æртæ нывон пьесæйы æвдисы ирон æгъдæутты уæз, куыд арф ахъардтой фæсивæдæй иуæй-иуты (Хъамболаты хуызæт- ты) зæрдæты æмæ сæ сæхицæн уацайрæгтæ куыд скод- той, уый. Хъамболат йæхæдæг дæр æмæ Меретхан дæр байсæфтысты уыцы æгъдæутты азарæй. Фидар хæцыд Хъамболат ирон зианхæссæг æгъдæуттыл, æмæ уый тых- хæй амардта йæхи дæр æмæ бынтон æнæаххос Мерийы 1 Журнал «Мах дуг», 1940, №6. 89'
дæр. «Цы дын кодтон? — зæгъы Мери Хъамболятæн, марынмæ йæм дамбаца куы сласта, уæд. — Мæт^фзон- дзинад йедтæмæ дын куы ницы ракодтон!» Æуæ, æцæг- дæр, цæмæй аххосджын у Мери Хъамболаты/раз? Мур- дæр ницæмæй! Уæдæ цæмæн мæлы? Хъамбо^т реакцион æгъдæуттыл фидар кæй хæцыд, уый тыххæй. Стæй канд уый тыххæй нæ, лыстæгдæр æркæсгæйæ, Хъамболат йæ фыды ныхас дæр нæ сæххæст кодта. Зауырбеджы ны- хасмæ гæсгæ Меретханы хъуамæ худинаг фæкодтаид, фæлæ уыцы хъуыддаг йæ сæрмæ нал æрхаста. Иннæрды- гæй, хъуамæ ацыдаид йæ зæрды цы уарзондзинад рав- зæрд, Мерийы фенгæйæ, уый фæдыл. Фæлæ уый дæр йæ бон нæ бацис, — иуæй йæ хо разынд, иннæмæй йæ фыды ныхасæй уыд хæсджын. Хъамболатмæ нæ разынд иу хъуыддаг бакæнынмæ дæр фаг хъару. Чи амард, уыцы Зауырбеджы кад сисын йæ бон нæ баци, ног царды тæф дзы цы домдта — æгъдæутты сæрты ахизын, æнæаххос чызджы нæ бафхæрын, уый дæр йæ бон нæ баци. Уыцы ныхмæлæуддзинæдтæ Хъамболаты æркодтой мæлæтмæ. «Мæн мæлын хъæуы æмæ, Мери демæ мæлын!» зæгъы йæ фæстаг ныхасы Хъамболат, йæ зæрдæйы химидæг быцæудзинæдты фæтыхсгæйæ, йе ’нæбондзинад уынгæйæ. Афтæ у ацы пьесæйы хъуыды цыбырæй. Æгъдæутты уæз æнцадис фæсивæдыл. Уыцы æгъдæутты ныхмæ цы- дис Кочысаты Розæ йæ пьесæйы; Мерийы фæстаг цъæ- хахст «Цы дын кодтон?» уыдис æргом сидт уыцы æгъ- дæутты ныхмæ. «Зæхх — ме ’вдисæн, хур — мæ комдзог», зæгъгæ, ацы пьесæйæн текст нæй (нæдæр мыхуырон, нæдæр къух- фыст). Куыд зæгъынц, афтæмæй сценæйы æвæрд æрцы- дис 1905— 1906 азты. Чи йæ федта æмæ дзы чи хъазы- дис (Æлборты Барис), уыдоны ныхасмæ гæсгæ йæ ар- хайд цыдис ахæм хуызы (цыбырæй дзургæйæ): 1-аг ныв. Лæппулæг Батырбег бады сæ хæдзары. Æрбацыд æм йæ хорз хæлар Хъасболат. Иу хъазты иу чызгыл фембæлдысты æмæ йæ кой кæнынц. Уарзынц æй дыууæ дæр сусæг уарзтæй. Фысым (Батырбег) раргом кодта йæ уарзондзинад. Хæдзарæй æддæмæ куы ауад, уæд Хъасболат дæр йæ монолоджы раргом кодта йæ уарзондзинад, фæлæ йæ йе ’мбалæн не ’схъæр кодта. 2-аг ныв. Батырбег æрхаста уыцы чызджы. Хъасбо- лат ын у къухылхæцæг. Уарзы йæ хойы, йе’мбалы усы, хаелæг кæны йе’мбалы амондмæ, фæлæ йæ бон ницы у; 9Г>
йемæ кафынæй йæ мондæгтæ уадзы. Иæ зæрдæ йын су- дзы сусæг уарзт. Сфæнд кодта йе ’мбалы амарын. 3-аг ныв. Хъæд. Батырбег æмæ Хъасболат фæцуан кодтой, фæлæ сæ къухы ницы бафтыд. Хъасболаты зæр- дæ судзы йе ’мгары усы уарзтæй... Сусæгæй, фæсаууонæй амардта йæ хæлары. Уый уыд сæумæрайсом. Хуры фыц- цаг тынтæ бæлæсты æхсæнты æркастысты Батырбеджы цæсгрммæ. Батырбег мæлгæ-мæлын загъта: «Зæхх — ме ’вдисæн, хур — мæ комдзог!». Хъасболат æрласта Батырбеджы марды æмæ йæ бав- дыста, цыма кæйдæр къухæй фæмард, афтæ... 4-æм ныв. Батырбеджы ус саутæ дары... Хъасболат ын æмбарын кæны йæ уарзондзинад... Æппынфæстаг сразы ис ус, æмæ Хъасболат йæ мой ссис... Хъасболат-иу фынæйæ арæх кодта Батырбеджы кой... Иухатт Хъасболат сынтæджы хуыссыд. Хуры тынтæ ру- дзынджы хуынчъытæй æрбазындысты æмæ йын йæ цæс- гом срухс кодтой. Лæг йæ мидбылты бахудт. Ус æн фæрсы, цæуыл худыс, зæгъгæ. Лæг ницы хъæр кæны. Фæстагмæ йæ ус ракъахта, æмæ Хъасболат радзырдта хабар куыд æрцыд, уый... Ус нæ ныббарста Хъасболатæн уыцы мæнгарддзинад, дамбаца йыл ныццавта æмæ йæ амардта. Мæлгæ-мæлын ма Хъасболат загъта: «Уæ, мæ хæлар, дæ дзырдтæ мыл æрцыдысты. Дæ комдзог мæ схъæр кодта!» Ацы цыбыр æрфыстмæ гæсгæ дæр бæрæг у, ацы пье- сæ иннæтæй стырдæр кæй уыд, фылдæр архайджытæ дзы кæй уыд, æмæ архайджыты зæрдæйыуаг арфдæр æргом- гонд кæй цыди. Батырбег раст æмæ æргомзæрдæ адæй- маг. Йæ уарзондзинад тыхджын æмæ сыгъдæг, йæ фæсо- нырхæджы дæр нæ уыд, йе ’мбал ыл афтæ гадзрахатæй рацæудзæн, уый. Рæстæй фесæфти йе ’мбалы къухæй... Хъасболат мæнгард æмæ æхгæд, саузæрдæ адæймаг... Амардта йе’мбалы, цæмæй йæ ус йæхи бауа, уый тых- хæй. Сылгоймаг иннæ пьесæты куыд ггассивонæй æвдыст цыди, ам афтæ æвдыст нæ цæуы. Ацы пьесæйы чызг- архайæг æрмæст уарзын нæ зоны, уымæ ис хъару йæ маст райсынæн, йæ уарзон лæджы йын мæнгардæй чи амардта æмæ йын йæхи чи фæсайдта, уымæй йæ судзгæ мæстытæ райсынæн. Кочысаты Розæйы пьесæтæ сты аивдзинадæй бæрзонд, архайд цæуы рæвдз; диалогтæ, куыд æмбæлы, афтæ сты 91
бæрцыл арæзт. Архайджыты æвзаг хъæздыг у адæмон æвзаджы здæхæнтæй. Фæлæ пьесæтæн сæ аивадон ма- дзæлттыл дзургæйæ, зæгъын хъæуы, Розæ йæ архайджы- ты зæрдæйыуаг (характер) фаг арф кæй не ’ргом кодта, æмæ афтæмæй обрæзтæ æдзух æххæст кæй нæ уыдысты, уый. Арфдæр æмæ æххæстдæр обрæзтæ саразынмæ зæр- диагдæрæй бавнæлдта йæ фæстаг пьесæйы, æмæ уый та нæ къухы нæй. Фæлæ махæй рох нæу Кочысаты Розæ ирон драматургийы райдайджытæй иу кæй у, уый агъоммæ æрмæстдæр Брытъиаты Елбыздыхъойы драмон уацмыстæ «Уæрæседзау» æмæ «Худинаджы бæсты мæ- лæт» кæй фæзындысты. Ирон драматургийы дыргъдоны уыдон уыдысты фыццаг бæлæстæ, æмæ уыцы дыргьдон фæхъæздыгдæр кодта Кочысаты Розæ йæ дзæбæх æмæ арæхсгæ уацмыстæй. Кочысаты Розæ — йæ дуджы ирон сылгоймæгты раз- загдæртæй иу, йæ тыхтæ бавзæрста литературон куысты æмæ йын бантысти йæ цыбыр царды, фæлтæртæм ын йæ ном чи хæсдзæн, ахæм уацмыстæ ныффыссын.
КУРДИАТДЖЫН СТЫР ПОЭТ Дзанайты Уасилы фырт Иван, кæнæ йæ литературон псевдониммæ гæсгæ Нигер, ирон советон литературæйы ахсы зынгæ бынат. Стыр поэт æмæ литературовед, педа- гог æмæ дæсны тæлмацгæнæг, æхсæнады кусæг æмæ публицист — Иигер зындгонд у канд Ирыстоны нæ, фæ- лæ иннæ республикæты дæр. I Дзанайты Уасилы фырт Иван райгуырди 1896 азы ноябры 2-æм бон Нары кæвдæсауы, Сындзысæр, зæгъгæ, иу чысыл хæххон хъæуы. Фидæны поэт йæ сабийы бонтæ арвыста хæхбæсты — Сындзысæр æмæ Нары. Æвадат царды нывтæ: хæххон æрдзы романтикон тызмæг хуыз, йæ сонт митæ, йæ зæйтæ æмæ йæ сахатæ, дурджын хуым- тæ æмæ бæрзонд хизæн фæзтæ, нарæг фæндæгтæ, ныхас, йæ цин æмæ йæ сагъæстимæ — адон иууыл арф бынат æрцахстой Иваны зæрдæйы æмæ дзы нал рахызтысты, суанг йæ лæджы бынатмæ куы рахызт, зынгæ поэт куы ссис, уыцы бонты дæр. Нары скъолайы фæстæ Дзанайты Иван 1909 азы фæз- зæджы, æртындæсаздзыдæй, райдыдта Дзæуджыхъæуы дины скъолайы ахуыр кæнын. Хохаг лæппу, горæтмæ рафтгæйæ, нæ адзæгъæл ис, йæ ахуыр уыйбæрц хорз цыд, афтæ æгъдауджын уыд æмæ йын 1912 азы лæвæрд æрцыд «Кады чиныг». Дзæуджыхъæуы дины скъола Иван каст фæцис 1913 азы æмæ уыцы аз августы мæйы бацыд Æрыдоны семи- нармæ. Æрыдоны семинар Иванæн уыдис йæ фыццаг литера- турон скъола, уым ахуыр кæнгæйæ, райдыдта æмдзæв- гæтæ, радзырдтæ, фельетонтæ фыссын. 93
Æрыдоны семннары сарæзтой ирон литературон къорд. Уыцы литературон къорды уæнгтæ семинары администрацийы сусæгæй уагътой нывджын литературон журнал къухфыстæй. Журналы ном хуындп «Фидиуæг». Журнал æвæрдта йæ размæ рухсадон-прогрессивон хæс- тæ. Семинары литературон къорды æмæ уыцы къухфыст журнал уадзыны хъуыддаджы стыр зæрдиагæй куыста Дзанайты Иван, фыста дзы радзырдтæ, æмдзæвгæтæ. Журнал сусæгæй уагъд кæй цыд, уымæ гæсгæ уацмысты бын фыстой сусæг нæмттæ — псевдонимтæ. Дзанайты Иванæн уыд цалдæр сусæг номы: «Ололи», «Сау лæппу», «Нигер». Уыдонæй иу — Нигер — фæстагмæ йæ поэтикон уацмысты мидæг йе ’цæг ном ссис, æмæ йæ ирон адæм зонынц уыцы номæй. Дзанайты Иван Æрыдоны семинары фæцахуыр код- та цыппар азы—1913 азы августæй 1917 азы апрелы мæйы онг. Семинар каст кæй фæци, уыцы æвдисæндары бæрæггæнæнтæм гæсгæ Иван ахуыр кодта тынг хорз. Уым иттæг хорз сахуыр кодта уырыссаг æмæ дунейы литера- турæ, сусæгæй касти уырыссагреволюцион-демократты— Белинскийы, Чернышевскийы, Добролюбовы уацмыстæ. Йæ уарзондæр поэттæ уыдысты Лермонтов æмæ Байрон, арæх-иу сын дзырдта се ’мдзæвгæтæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ уырыссаг литературæ, уырыссаг æвзаг, уырыссаг адæмы стыр культурæ æмтгæй райсгæйæ, тынг кæй фæахъаз ис Дзанайты Иванæн, æмæ канд уымæн нæ — æппæт ирон фысджытæн дæр. Æнæ уыцы культурæйы æххуысæй ирон литературæ нæ уыдаид, ныр цы ран ис, ахæм ран, ирон фысджытæ нæ уыдаиккой, суанг Къоста- йæ райдайгæйæ, ныр цы сты, уый. Уыцы хъуыддаг хорз бамбæрста Дзанайты Иван Æрыдоны семинары ахуыр- гæнгæйæ. Уæлдæр цы къухфыст журналы кой кодтам, «Фиди- уæг», зæгъгæ, уым 1-æм номыры раздзырды Иван (йæ сусæг ном «Сау лæппу») сидтис ахуырдзау фæсивæдмæ, цæмæй уыдон, каст куы фæуой, уæд ма ферох кæной сæ адæмы, се’взаг æмæ се’гъдæутты; уый худти «Уæрæсе- дзæуы» хуызæн, ирон цардыл чи нæуал фервæссы, йæ адæмæй чи ахицæн вæййы, ахæмтыл, æмæ уый фæдыл зæгъы: «Мах, ахуыр чи кæны, уыдон, хъуамæ афтæ ма кæнæм. Махыл æмбæлы ахуыр кæнын хорз. Нæхииæй хуы’здæр адæмтæ чи сты, уыдон фæзмын, уырысмæ хорз- дзинæдтæй цы ис, уыдон нæхимæ исын». 94
Кæд уыцы «раздзырды» мидæг бирæ хъуæгтæ æмæ æбæлвырддзинæдтæ ис, уæддæр йæ сæйраг хъуыды, ирон национ культурæ аразгæйæ, хуыздæр адæмты фæзмын хъæуы, уырысмæ хорздзинæдтæй цы ис, уыдон нæхимæ исын хъæуы, зæгъгæ, уыцы хъуыды раст у. Кæд Æрыдоны семинары ирон æвзаг ахуыр кодтой, уæддæр аккаг уагыл æвæрд нæ уыд уыцы хъуыддаг, ирон æвзаджы ахуырмæ нæ уыди цæстдард. Уымæ гæс- гæ ахуыргæнинæгтæ дæр фаг хорз нæ зыдтой сæ мадæ- лоп æвзаг. Уыйадыл 1916 азы журналы 2-æм номыры «Ололи» (Дзанайты Иван) фыста: «Никуы ис, ирон æвзаг кæм ахуыр кæной, ахæм скъо- ла. Ис æрмæст иу скъола, ирон æвзаджы кой кæм ис, — уый у Æрыдоны семинар. Æрмæст уым фенæм иннæ æвзæгты астæу «ирон æвзаг»... Уый фенгæйæ, ирон лæ- джы зæрдæмæ хуры тынтæ бакæсы. Фæла^-иу уыцы лæг куы зонид, ирон æвзагæн семинары йæ ном йедтæмæ кæй иицы ис, уый, уæд-иу афтæ цин нæ кæнид... Æз мæхæдæг ирон æвзагæй грекъаг æмæ латинаг æвзæгтæ хуыздæр зонын, иронау кæсын æдæрсгæ дæр нæ зонын. Æмæ уый цæмæн афтæ у? Кæй аххос у? Мæн? Зивæг кæнын ирон æвзаг ахуыр кæнынмæ æви йæ уарзгæ нæ кæнын? Ау, æмæ грекъаг æвзаг ахуыр кæнынмæ куынæ зивæг кæ- нын, уæд ирон æвзаг ахуыр кæнынмæ куыд зивæг кæ- нын? Кæннод, иры сæрыл хаст фæдæн, цæуылнæ йæ уар- зын. Нæ, мæ аххос нæу». Дарддæр «Ололи» уайдзæф кæны семинары админи- страцийæн æмæ уыимæ æппæт паддзахы Уæрæсейы коло- ниалон политикæйæн. «Кæй аххос у, уымæн хуыцау йæ зæрдæйы ахæм фæнд бафтауæд, æмæ куыд базона йæ рæдыддзинад, куыд бамбара, арвæй зæхмæ ирон æвза- джы кой цы скъолайы ис, уым хынджылæг кæй нæ хъæ- уы, фæлæ ирон сабитæн сæ райгуыра^н æвзаг амонын кæй хъæуы, уый». Кæд ирон æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаг ахæм æв- зæр уавæры уыдис, уæд ирон литературæ та Октябры революцийы агъоммæ æппындæр никуы ахуыр кодтой скъолаты. Ирон литературæ фæсивæд кастысты сæхи хъæппæрисдзинадæй. Кæд скъолаты нæ ахуыр кодтой Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстад, уæддæр ирон фæси- вæдæй иу дæр ахæм нæ уыд, «Ирон фæндыр» чи нæ зыд- та. Къостайы зарджытæ арф хъардтой курдиатджын оаби Дзанайты Иваны зæрдæмæ дæр. 95
1917 азы Иван, Æрыдопы семинары фæстæ, бацыд Саратовы университетмæ, фыццаг медицинон, стæй исто- рикон-филологон хайадмæ. Университеты сахуыр кодта æрмæст иу аз. 1918 азы уалдзæджы, каиикулты рæстæг æрцыд йæ райгуырæн хъæумæ æмæ йын фæстæмæ аздæ- хын нал бантыст, граждайнаг хæст кæй райдыдта, уы- мæ гæсгæ. 1918 азы августы мæйæ 1919 азы апрелы мæйы онг куыста Нары хъæуы скъолайы хицауæй. 1919 азы апре- лы мæйы мобилизацигонд æрцыд урс æфсадмæ æмæ дзы æнæбары баслужбæ кодта фондз мæйы бæрц. Сентябры мæйы кæроны Иван алыгъди урс æфсадæй æмæ æмбæхс- тис Нары комы. Уæд хæстæгдæр базонгæ ис, Уæлладжы- ры комы сусæгæй чи куыста, уыцы революцион кусджы- тимæ. 1920 азы мартъийы Дзанайты Иван бацыди Уæлла- джыры комы партизанты (повстанческий) отрядмæ æмæ æвзæрст æрцыд революцион комитеты бæрнон секрета- рæй. Урс бандæтæ пырхгонд куы æрцыдысты æмæ Цæгат Ирыстоны Советон хицаудзинад ногæй куы æрфидар ис, уæдæй фæстæмæ Дзанайты Иван уыдис Уæлладжыры комы райæххæсткомы бæрнон секретарь, Нары скъола- йы хицау, Ревкомы бæрнон секретарь, Уæлладжыр- Æрыдоны зылды Æххæсткомы бæрнон секретарь, Уæл- ладжыр-Æрыдоны зылды ахуырады хайады хицау æмæ æндæр куыстыты. Фæстæдæр, наукон-педагогон куыст кæнгæйæ дæр, Дзанайты Иван нæ уагъта йæ литерату- рон-сфæлдыстадон куыст. II Нигер литературон куыст кæнын райдыдта 1914 азы.1 Нигер фыссын куы райдыдта, уæд Ирыстоны тынг стыхджын сты капиталистон ахастдзинæдтæ, хъæуты мидæг мæгуыртæ æмæ хъæздгуытæ цæхгæр адихтæ сты, се ’хсæн тыхджын кодта кълассон тох. Мæгуыр адæмæй 1 Ацы датæ ис йæ фыццаг æмдзæвгæты бынмæ фыст. Æмдзæв- гæтæ фыссын райдыдтон 1914 азты, зæгъгæ, фыста Нигер йæ авто- биографийы дæр. Уымæ гæсгæ раст не ’сты, Нигеры сфæлдыстады райдайæн 1914 азæй раздæрмæ чи хæссы, уыдон: Мамсыраты Дæ- бе — «Нигеры сфæлдыстад» («Мах дуг», 1938 аз, № 3); Бесаты Та- зе — «Ирыстоны курдиатджын поэт» («Рæстдзинад», 1946 аз, № 233) æмæ æндæртæ. 96
бирæтæ сæ фыртыхстæй куыстагур цыдысты заводтæм æмæ фабриктæм Уæрæсейы центрон горæттæм, Дард Хурскæсæн æмæ суанг Америкмæ, Австралимæ. «Ирæт- тæ рагæй зонынц, — фыста С. М. Киров, — фыдыбæстæ- йы капитализм цы у, канд уый нæ, фæлæ ма фæсокеаны капитализм цы у, уый дæр. Уыдонæй бирæтæ къорд азты дæргъы ацардысты Америчы, Канадæйы æмæ уым бав- зæрстой, æцæг капиталистон эксплуатаци цы у, уый»1. Кусджыты æмæ мæгуыр зæхкусджыты æхсæн, интел- лигенцийы прогрессивондæр хайы æхсæн тыхджын код- той револцщион хъуыдытæ, арæхдæр кæнын байдыдтой революцион тохы нысæнттæ. 1914 азы империалистон хæст ноджы тынгдæр раргом кодта кълассон ныхмæ- лæуддзинæдтæ, æргомдæр равдыста, мæгуыртæн æмæ хъæздгуытæн сæ интерестæ иу кæй не ’сты æмæ иу кæй никуы уыдзысты, уый. Æмбæрста æви не ’мбæрста Нигер, Ирыстон цы уа- вæры уыд, уый? Æмбæрста æви не ’мбæрста Нигер, мæ- гуырты æмæ хъæздгуыты интерестæ иу кæй не ’сты, æмæ се ’хсæн быцæу, кълассон тох кæй цæуы, уый? Æнæмæнг, æмбæрста æмæ æвдыста уыцы цаутæ йе ’сфæлдыстады. Æркæсæм йæ райдайæны уацмыстæй иу-дыууæмæ. Цы къухфыст журналы кой кодтам, «Фидиуæг», зæгъгæ, уым фыццаг номыры (13-æм фарс) Нигерæн ис иу чы- сыл радзырд2. Уыцы радзырды Нигер равдыста хæххон зынвадат царды зымæгон ныв. «Мит уыйбæрц æруарыд, æмæ уæлхæдзæрттæ æр- цæйтыдтой. Алчи архайдта, цæмæй йæ миттæ тагъддæр исчердæм ассона, ууыл. Сæ бонæй уæнт лæгджынтæ, тых- джынтæ, уыдонæн та циу!.. Фæлæ мæгуыр йæ бон зæ- ронд Голойæн, йæ фæстæ змæлæг кæмæн нæй, мæгуыр цард йæ тых кæмæ сарæзта, бонджын сыхæгты дæлба- зыр цагъайраджы цард чи кæны, хуыцау кæй ферох кодта, адæмæй чи суæлдай!» Рацыдис уыцы мæгуыр Голо дæр йæ уазал къуымæй йæ уæлхæдзар мæрзынмæ. Бакаст уæлхæдзармæ æмæ 1 Газет «Правдæ», 2/УН—1918 аз. 2 Радзырдæн сæргонд нæй, уый бæсты дзы ис æртæ стъалыйы æртæтигъон æвæрдæй. Радзырды райдайæн сыфыл ис нывгонд хæх- хон пейзаж, зынынц уæлвæзгонд хæхтæ, рагъыл хохаг хъæу, иугай гæды бæлæстæ дзы, хæстæгдæр пъланы — бæлæсты къох, сæ фарсмæ дон цæуы, дыууæ усы дон хæссынц гогонты. Радзырды кæрон фыст ис «Нигер», зæгъгæ. 7 Цард æмæ поэ?и 97
сагъдæй аззади: Бæтæджы фырттæ. сæ уæлхæдзары ми- тæй цы ссардтой, уый иууылдæр Голойы уæлхæдзармæ æркалдтой. Бæтæджы фырттæ афтæ бакодтой сæ фыр- хъалæй, мæгуыр зæронд лæгæй хынджылæг кодтой. Æвæццæгæн æмæ йыл ахуыр уыдысты, — зæгъы фыс- сæг, — æмæ йын сæ кусинаг æнæзонд æмæ хынджылæ- джы фæндагыл бирæ хæттыты бакусын кодтой. Тынг смæсты ис Голо, йæ цæстыты сыгтæ йæ урс рихитыл згъæлыдысты, фæлæ сын цы йæ бон уыдис. Хуыцаумæ скуывта, ды батых кæн, мæнæн чи тых кæны, уымæн, зæгъгæ. Уый дæр ын нæ ныббарстой. Бæтæджы фырттæ. Хистæр фырт йæ уæлхъус алæууыд æмæ йæ дынджыр фиййагæй зæронд лæджы фæсонтæ ныххафта... Цы йæ бон уыд мæгуыр лæгæн, йæ фæсонтыл фæхæ- цыди, стæй къæдз-къæдзы, рахау-бахау кæнгæ рараст ис. Сфæнд кодта хицаумæ йæ хъаст фæхæссын. Ацы ран та байхъусæм Нигерæн йæхи ныхасмæ: «Ахæм æнæбон лæг æфхæрд куы баййафы æмæ куы смæсты вæййы, уæд йе ’знæгты хуыцау æмæ хицæутты къухмæ фæдæтты. йæ зæрдæйæ фæзæгъы, æмæ йæ хуыцау, уæлдайдæр та хи- цау, ныртæккæ дæр сæ хъæбысы ныттухдзысты, æмæ йын йæ тыхгæнæджы тых асæтдзысты. Фæлæ йын хуыцау йæ куывдмæ цы раппæрста, уый федтам, хицау ын цы зæгъ- дзæн, уымæ дæр та байхъусæм»... Нæ байхъуыста хъæуыхицау Голойы хъастмæ. Ми- тæйдзаг къæхтæй цы æрбалæсыдтæ, зæгъгæ, йæ æддæмæ суры. Хъаст кæнынмæ æрбацыдтæн, зæгъгæ, ма бæргæ куырдта, фæлæ йæ уайтагъд къулерæн ахæстоны фæми- дæг кæнын кодта. Æнæмæнг, Нигер у мæгуыр Голойы фарс. Æмæ уый канд ам афтæ нæу. 1914 азы империалистон хæст мæгуырты пайдайæн кæй нæ уыд, мæгуыр адæм уыцы хæстмæ æнæбары кæй цыдысты æмæ сæ туг кæйдæр тыххæй кæй калдтой, уый æмбæрста Нигер. Къухфыст «Фидиуæджы» дыккаг но- мыры Нигерæн ис иу æмдзæвгæ «Хæсты быдыр», зæгъгæ. Уыцы æмдзæвгæйы Нигер дзуры иу мæгуыр лæппуйы тыххæй, нартхоры кæрдзынæй йæхи чи нæ бафсæста, аф- тæмæй чи рахъомыл ис. Йæ зæронд фыдæн æххуысхъом куы фæци, йæ уаргъ ын райсон, куыд загъта, афтæ йæ хæстмæ акодтой. Мæгуыр лæппу уæззау цæф фæци, бам- ёæрста йæ адзал æмæ мæлгæ-мæлын хæрзбон зæгъы йæ райгуырæн бæстæн, йæ мадæн: 98
Хæрзбон, Ирыстон, Нал дæ фендзынæн, .Дæ цæугæ донæй Нал баназдзынæн. О, мæ мады хай, Байсæфт дæ фæллой. Цытæ кæндзынæ, Куы дæм бадзурой: Дæ и^нæг хъæбул Дзæгъæл быдыры йæ туджы мæцы. Ацы æмдзæвгæ йæ идейон-эстетикон мидисмæ гæсгæ тыхджын нæу. Йæ лирикон геройы зондахаст дæр уæ- рæх нæу, дардыл не ’ххæсы, фæлæ бæлвырд æвдисы йæ хъуыды, хæст ын æнæуынон кæй у, империалистон хæст мæгуырты пайдайæн кæй нæу, уый. Нигер ацы уацмыс- ты нæ саккаг кодта йæ чингуытæм бахæссынмæ сæ аива- дон лæмæгъдзинадмæ гæсгæ. Фæлæ сæ мидисæн ис бæрæг ахадындзинад. Уыдон æвдисынц, Нигер йæ поэтикон фæндагыл куы æрлæууыд, уæддæр хорз кæй æмбæрста, мæгуырты æмæ бонджынты интерестæ иу кæй не ’сты, Уæрæсейы паддзах æмæ йæ бынæттон хицæуттæ мæгуыр æнæзæхх фæллойгæнæг адæмы фарс кæй не ’сты, мæ- гуыр адæмы сæ цард фæхуыздæр кæныны тыххæй тох кæнын кæй хъæуы паддзахы хицаудзинады æмæ бынæт- тон бонджынты ныхмæ, уыцы фарстатæ. Уыцы тохы мидæг Нигеры хæцын хъуыдис кæнæ мæгуыр фæллой- гæнæг адæмы фарс, кæнæ мæгуыр адæмы знæгты фарс. Нигер равзæрста мæгуыр адæмы, ссис сæ фарсхæцæг, хъахъхъæдта сын сæ иитерестæ. Нигер йе ’сфæлдыстады равдыста фæллойгæнæг зæхкусджыты зондахаст, сæ сагъæстæ æмæ сæ бæллицтæ. Уыцы хъуыддаг рох кæн- гæйæ, зын бамбарæн у, Нигеры стыр æмæ вазыгджын сфæлдыстадон фæндаг, уымæн æмæ уыимæ баст сты Нигерæн иуæй йæ прогрессивон, сæрибармæ сидæг хъуыдытæ, иннæмæй — йæ цудындзинæдтæ, йе ’сфæлдыс- тадон фæндаджы гакъон-макъондзинæдтæ. Нигеры зондахаст фæллойгæнæг зæхкусджыты зон- дахастимæ баст кæй уыд, уый йе ’сфæлдыстады канд Октябры революцийы агъоммæйы рæстæг нæ фæбæрæг ис, — уый йæхи æвдыста Нигеры сфæлдыстады фæстæ- дæр рæстæджыты — суанг мин фараст сæдæ дыууынæм азты кæронмæ. 99
Октябры революцийы агъоммæйы æмдзæвгæты Нигер æвдыста хæххон мæгуыр царды нывтæ, мæгуыр адæмы æвадат уавæртæ, сæ фæндтæ æмæ сæ бæллицтæ. Йæ фыццаг æмдзæвгæйы «Мæ ном», зæгъгæ, уым поэт хъа- вы йæхи сурæт, йæхи обрæз равдисын. Фæлæ, йæхиуыл дзургæйæ, уый йæхи нæ хицæн кæны мæгуыр адæмæй; мæгуыр адæмы хъысмæт у нæ поэты хъысмæт, хатгай лирикон герой æмæ поэты æхсæп арæптæ иал вæййы:^ Æфхæрд ирон, Фæсхох бæстаг, Фыдцъылысбын, Æнæмыггаг. Нæ бæсты гакк — Мæгуырдзинад; Иæ царды уаг — Æппын æнад. зæгъы Нигер уыцы æмдзæвгæйы. Поэт уыны, адæм тухи, хъизæмар кæй кæнынц; фæнды йæ, уыцы мæгуыр адæ- мæн сæ цард куы фæхуыздæр уаид, истæмæй сын куы феххуыс кæнид. Поэт сиды знæгты ныхмæ тохмæ: Нæ бæстæм!.. Ызнагæн йæ ныхмæ Æрлæууæм тымбыл дур, лæдзæгæй. Нæ мастæй æфтауæм нæ тыхмæ. Гъæйтт! тохмæ, фæсивæд, хъæлдзæгæй! (««Фæлидзон», мæхицæн фæзæгъын»). Ам зыны стыр ныфс, тохы пафос, фæлæ уыцы ныфс бирæ фаг нæ вæййы, асæтты. «Мæ хъуыры фæбадынц мæ фæндтæ» зæгъы поэт, æмæ ахæм сахаты сфæнд кæны адæмы зындзинæдтæй йæхи бамбæхсын, искæдæм фæли- дзын. Фæлæ уый дæр йæ бон нæ бавæййы: æгæр бирæ уарзы йæ адæмы, æгæр æнгом баст у «знаг йæ кардæй кæй æргæвды», уыцы мæгуыр адæмы хъысмæтимæ йæ хъысмæт, æмæ уыцы æнæзынгæ фидар бæттæнтæ ас- къуынын йæ бон не ’свæййы; адæмы уæззау цард фен- цондæр кæнынмæ та йæм фаг хъару нæ разыны... Æмæ уæд райсы йæ фæндыр, фæкæны йе ’нкъард сагъæстæ, «фæкæуы йæхиуыл дзыназгæ». Адæмæн баххуыс кæны- ны хъуыддаджы йæхи æдыхдзинад æмбаргæйæ, поэт си- ды искæмæ, раздзæуæгмæ: 100
Уæ, исчи,- кæм дæ ’мæ цы фæдæ! Чысыл ма нæ хъæуы, фæкæс! («Æз хъусын нæ Иры сагъæстæ»). Иуырдыгæй — адæмы уæззау цард фæхуыздæр кæ- нынмæ бæллын, тохмæ сидын, иннæрдыгæй — æнæныфс- дзинад, царды зындзинæдтæй хи æмбæхсын, хи лæмæгъ- дзинад æмбарын æмæ, адæмы чи фервæзын кæна, ахæм æбæрæг раздзогмæ сидын — адон сты Нигеры Октябры революцийы агъоммæйы сфæлдыстады миниуджытæ. Æвддæсæм азы агъоммæ Нигер фаг нæма сбæрæг кодта йæ поэзийы тохы нысан, йæ фидæны фæндæгтæ, йæ зæрдæйы-иу фæзынди дызæрдыгдзинæдтæ: Мæ зæрдæ фæйнæрдæм тындзы. Мæ зонд ын йæ тынтæ хынцы. Куы арвмæ фæдары йæ хъус, Тæрсын æй фæкæны æнус; Куы та йæ фæфæнды цæрын Фæхъазын, фæнуазын, хæрын... («Нæ зонын, — куыд уыдзæн мæ цард», 1916 аз). Кæй зæгъын æй хъæуы, дызæрдыгдзинæдтæ æмæ цу- дындзинæдтæ лæмæгъдæр кодтой Нигеры сфæлдыстады ахадындзинад, æмтгæй райсгæйæ. Фæлæ уыдон Нигеры сфæлдыстады идейон фæндаджы сæйрагдæр бæрæггæ- нæнтæ нæ уыдысты. Нигеры сфæлдыстады сæйрагдæр бæрæггæнæнтыл банымаинаг сты тохмæ сидын æмæ раз- мæ бырсыны мотивтæ, поэты ахсджиаг уарзондзинад фæллойгæнæг адæммæ æмæ йæ райгуырæн бæстæм. Æр- мæстдæр ацы фæстаг миниуджытæ бæрæг кодтой Ниге- ры сфæлдыстады прогрессивон ахаст, адон сысты фæс- тæдæр, советон хицаудзинады рæстæджы, Нигеры сфæл- дыстады стыр идейондзинад æвдисæг. Æвддæсæм азы революцийы уылæнтæ куыд тыхджын- дæр кодтой, афтæ тыхджындæргæнгæ цыдысты Нигеры сфæлдыстады дæр сæрибары мотивтæ. Поэт, кæд фыццаг дæр сидти сæрибардзинадмæ, кæд фыццаг дæр æмбæрста æхсæнады социалон дихдзинæдтæ æмæ хæцыд мæгуыр- ты фарс, уæд ныр ноджы бæлвырддæр бамбæрста, мæ- гуыр фæллойгæнæг адæмы сæрибардзинады фæндаг карз тохы фæндаг кæй у, уый. 1917 азы, февралы революцийы рæстæджы, «Размæ!», зæгъгæ, йæ иу æмдзæвгæйы поэт 101
æвдисы мæгуыр хæххон адæмы зæрдæйыуаг, сæ револю- цион пафос: Хур арвыл куы хъазы, Фæтынгдæр ис бон. Цагъайраджы дугæн Æрцыдис кæрон. Кæм ыстут, лæпнутæ, Æрцыди нæ дуг! Гъæйтт, размæ, ныккалæм Æлдарæн йæ туг! Хуымæтæг, фæлæ зæрдæ чи агайы, ахæм дзырдтæй поэт сиды «æлгъыстдзыд» хæххонмæ, фæсивæдмæ, æлда- ры туг ныккалæм, зæгъгæ. Нигер фыццаг нæ бамбæрста 1917 азы февралы ре- волюцийы ахаст, уымæ афтæ кастис уыцы рæстæджы, цыма Уæрæсейы хæдхæцæг паддзах аппарын æгъгъæд уыд мæгуыр адæмы сæ удхар цардæй фервæзын кæны- нæн, цыма паддзахимæ æппæт эксплуатацигæнджытæ дæр иуварсгонд æрцæудзысты. Фæлæ тагъд бамбæрста поэт, афтæ кæй нæ рауад, уый. Февралы революци адæ- мы цагъардзинадæй не ’суæгъд кодта æмæ сын бартæ нæ радта. Нигер федта йæхи цæстытæй, уæлдæр кæй кой кодтам, уыцы тохмæ сидыны мотивтæ фæмынæг сты, поэт фылдæр æвдисып байдыдта адæмы тухитæ, адæмы удхар. Фæзыны та йæм, 1917 азы размæ йæм цы æн- къард мотивтæ уыд, ахæм мотивтæ. «Тæхуды!», зæгъгæ, 1917 азы июлы мæйы кæй ныф- фыста, уыцы æмдзæвгæйы бæлвырд зыны фыссæджы зæрдæйыуаг. Мæйрухсмæ кæсгæйæ, поэты зæрдæ хаты бæрзонд æрвты рухс, цард æмæ сæрибардзинад. «Алцы æвдисы йæ хъæлдзæгдзинад», — зæгъы поэт, фæлæ «уæ- лæрвтæй» куы æрыздæхы, уæд йæ алыварс фены, фе- хъусы: Хъарæг, дзыназын, рыст зæрдæйы хъæрзт. Бонджын куы уайы мæгуыры размæ, Агуры, домы фыдбылыз, фыдхæст. Алы ран фидар цагъайраджы ’фсондз Бæрзæйы нуæрттæ куы тоны, сæтты. Алы ран адæмы туг æмæ рондз, Терчы цъæх донау, суадон кæны, 102
Акæс-ма, акæс: æлдары фæрцы Уазал быдырты мæ талынг хъæдты Адæймаджы фырт йæ туджы мæцы. Рæзгæ мæгуыр уд мæлæтæн дæтты. 1917 азæй 1920 азы онг, цалынмæ æппæт Кавказы, æмæ уыимæ Цæгат Ирыстоны дæр, советон хицауад бынтон æрфидар ис, æмæ адæм сæ тухи цардæй фер- вæзтысты, уæдмæ Нигеры сфæлдыстады фылдæр зыны æнкъард хъуыдытæ, мæгуыр царды нывтæ. Ахæм æм- дзæвгæтæ сты: «Дадамæ», «Фын», «Хæхтæ ниуынц», «Æхсæв», «Хохы» æмæ æндæртæ. Фæлæ 1917—1920 азты дæр Нигермæ зынди рухс хъуыдытæ, ныфсы хъуыдытæ, нæ дзы рох кодта сæри- бардзинад. Фæстæдæр советон хицаудзинад бынтон куы æрфи- дар ис Цæгат Ирыстоны, уæд Нигеры цины зарджытæ ноджы хъæрдæрæй хъуысын байдыдтой. «О, мæ фæн- дыр!» зæгъгæ, йæ лирикон æмдзæвгæтæй иуы уый фæ- дзæхсы фæсивæдæн: Ма уæ фæндæд сонты дугæн Тагъд арын кæрон. Царды рохтæ ’лдары къухмæ Макуы-иу рапут. Адджындæр сæриба-рæй уæм Ма кæсæд уæ уд. Тох сæрибарыл кæддæрид, Мардзæ, фæсивæд!.. Дуг, цагъайраг дуг, чи халы — Хорзæй мын цæрæд!.. Цард цæрынæн. Размæ рухсмæ Райгæйæ цæут! («0, мæ фæндыр!» 24/У1—1920 аз). Ирон хъæутыл апырх сты æмæ фæллойгæнæг дзыл- лæты зæрдæты бынат ссардтой Нигер 1920 азы кæй ныф- фыста, уыцы æмдзæвгæ-зарæджы ныхæстæ: Кæмттæн сæ нарджытæй нал хъуысы хъарджытæ, Нал кæуы сидзæр сыдæй. Мæгуыры къæхты бын ниуынц йæ марджытæ, Фидынц сæ бонтæ фыдæй. Булкъонты фыдæнæн, тыхджынты фыдæнæн Хорзæй, дзæбæхæй нын цæр!.. («Цæр!.») 103
Ацы æмдзæвгæ мыхуыры куы нæма фæзынди, уæд- дæр зарæджы хуызы, дзыхæй-дзыхмæ исгæйæ, ахæццæ адæммæ, адæмæн базонын кодта поэт Нигеры ном. Нигеры æмдзæвгæ «Цæр!» мыхуыргонд æрцыдис 1921 азы «Ирон зарджыты чиныджы». Чиныджы фыццаг цъа- рыл эпигрæфæн æвæрд уыди, уæлдæр кæй æрхастам «Кæмттæн сæ нарджытæй нал хъуысы хъарджытæ», зæгъгæ, уыцы строфа æнæхъæнæй. Уый уыд Нигеры фыц- цаг мыхуыргонд æмдзæвгæ. III Революцийы агъоммæ Нигерæн мыхуыр кæныны фа- дат нæ уыд. Ирон дзыллæтæ Нигеры базыдтой сæ поэт æмæ сæ зарæггæнæгæй 1920— 1921 азты, уæдæй фæстæ- мæ йæ уацмыстæ мыхуыры зынын байдыдтой. Иæ поэ- тикон дæсныдзинад рæзыди, йе стих (æмдзæвгæ) фида- рæй-фидардæр кодта. Фæллойгæнæг адæмы уарзын, цагъардзинады ныхмæ тох кæнын, сæ сæрибары тырыса бæрзонд хæссын — уы- дысты Нигеры сфæлдыстады хуыздæр миниуджытæ. Уыдон кæддæриддæр бæрæг кодтой Нигеры сфæлдыста- дон фæндаг. Фæлæ Нигеры сфæлдыстадон фæндаг æмраст нæ уыд, уым уыди бирæ гакъон-макъон, бирæ фæзилæнтæ. Нигер революцийы агъоммæ цы мæгуырты тыххæй фыста, тохмæ кæй сæраппонд сидти, уыцы мæгуыртæ 1920 азы (советон хицаудзинад куы æрфидар ис Цæгат Ирыстоны, уæд), фервæзтысты сæ хъизæмар æмæ сæ ту- хитæй. Стыр уæлахиздзинад сын æрхаста Октябры рево- люци, фервæзын сæ кодта æнусы цагъардзинадæр1!. Уы- цы хъуыддаг бамбæрста поэт æмæ йæ хъæлæсыдзаг ныз- зарыд: Кæмттæн сæ нарджытæй нал хъуысынц хъарджытæ, Нал кæуы сидзæр сыдæй. Мæгуыры къæхты бын ниуынц йæ марджытæ, Фидынц сæ бонтæ фыдæй. Уыцы ныхæсты уыди стыр историон растдзинад. Си- дэæртæ фервæзтысты се ’нусон хъизæмарæй, мæгуыртæ фæуæлахиз сты сæ марджытыл! Ууыл уыди поэты стыр цин. Ардыгæй хъуамæ райдыдтаид Нигеры сфæлдыста- 104
ды ног къæпхæн — ног царды хуры æмæ цины зарджыты къæпхæн. Æмæ æцæг цыдæр цин æвдисæг нысæнттæ зынгæ дæр фæкодта позтмæ, уый дзуры йæ уарзон адæй- магмæ, ирхæфсы йæ: Ма ку, мауал ниу,— Асæрф цæстысыг. Рацу, царды рох Къухыл бабæттæм! Уæлæ фæсрагъæй Хур нæм бахудти. Разынд алцæмæ Ныр æрдзы цæсгом: Хъазынц сау хæхтæ, Кафынц урс миттæ, Уасы уасæгой. Зары булæмæргъ. Мæнæ фæсивæд Царды ралæууыд, Дард йæ зарды хъæр Хъуысы дунетыл... («Ма ку, мауал ниу», 1922 аз). Фæлæ уыцы цины нысæнттæ бирæ нæ ахастой Нигеры поэзийы. Поэты зæрдæйы фæзынд æнкъарддзинад. Поэт фæстæмæ «æрæгас кодта», революцийы агъоммæ йæм мæгуырты æмæ сидзæрты тыххæй цы мотивтæ уыди, уы- дон. Фæмынæг ис йæ цæстæнгас, фæлæмæгъ ис йæ хъæ- лæс. Æнкъард зарджытæ, фылдæр хатт та хъарджытæ, сæ быны фæкодтой размæтындзæг, хъæлдзæг мотивты. Ахæм æнкъард мотивтæ фæзындысты Нигеры сфæл- дыстады 1922 азы æмæ йæ иу цалдæр азы (суанг 1927 — 1928 азты онг) цух нал суагътой. Уыцы æнкъард мотив- тæн сæ райдайæн уыди, махмæ гæсгæ, «Ныббар мын, Ирыстон», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæ. Уыцы æмдзæвгæйы поэт хатыр куры ирон адæмæй, кæд ивгъуыд рæстæджы зæрдæ дæ рынæй бынтон дзаг нæ уыд, зæгъгæ, æмæ дард- дæр ныфс æвæры, афтæ кæй нал уыдзæн, уый тыххæй, бæрæг кæны йæ хæстæ. Байхъусæм поэтæн йæхимæ: Ныббар мын, Ирыстон, — миййаг кæд дæ рынæй Мæ сау зæрдæ искуы бынтон дзаг нæ уыд. Кæд искуы йæ хъалæй дæуимæ цæрынæй Фæлмæцыд мæ сонт туг, хъыг кодта мæ уд... 105
Ныббар мын... Фæлæ дын дæ уазал урс сæрæй Дæ хъæбул ныр абон йæ сомы бæтты: йæ сонт туг куы банцайа уæнгты йæ хъæрæн, — Биноныг æруыдзæн дæ нарæг кæмтты. Чысанæй Лабæмæ дæ мæгуыр сабитæн Æнæвгъау куы скæндзæн йæ лæмбынæг зард. Йæ фæндырæн хъистæ дæ низтæй куы сбийдзæн, Дæ фæлтæрд зæрдæйыл сæ ’рхафдзæни раст; Дæ мæгуырты знæгтæм дæ размæ æрснддзæн, Сæ цуры дæ риуæй фæсурдзæн дæ маст. («Ныббар мын, Ирыстон!»). Ацы æмдзæвгæ йæ ахастмæ гæсгæ у Нигеры програм- мон æмдзæвгæтæй иу. Поэт йæхирдыгонау бæрæг кæны йæ дарддæры сфæлдыстадон фæндаг, йæ размæ цы хæс- тæ æвæры, уыдон. Уыцы хæстæ та сты «мæгуыр сабитæн лæмбынæг зард æнæвгъау скæнын», «Ирыстоны низтæй фæндырæн хъистæ сбийын» æмæ Ирыстоны риуæй маст фæсурын. Поэт йæхицæн рæдыд фæндаг, мæнг фæндаг кæй рав- зæрста ацы æмдзæвгæйы мидæг, уый фыццаг æркастæй бынтон æргом нæ вæййы. «Адджын» æмæ «уарзон» ны- хæстæ æмбæрзынц цæстытæ, зæрдæ фæлмæн кæнынц. Фæлæ поэт йæ размæ цы хæстæ æвæры, стæй уыцы хæстæ йе ’сфæлдыстады куыд æххæст кæны, уымæ лæм- бынæг куы æркæсæм, уæд дызæрдыггаг нал вæййы уыцы фæндаджы рæдыддзинад æмæ мæнгдзинад. Ахæм цыбыр æмæ чысыл хæстæ кæй æрæвæрдта йæ разы, уымæй бæрæг кæны, поэт райдайæны хорз кæй нæ бамбæрста, цы ног дуг ралæууыди, уыцы дуджы исто- рион стыр ахадындзинад. Уый рабæрæг ис уæлдай тынг- дæр НЭП-ы рæстæджы. Нигер нæ бамбæрста НЭП-ы нысаниуæг. НЭП дардмæ уынаг политикæйы бындурыл арæзт кæй уыд, æппæт паддзахадон цард æмæ фæллой- гæнæг дзыллæты уавæртæ фæхуыздæр кæныны ахсджиаг мадзал кæй уыди, уый не’мбаргæйæ, Нигер Ног Эконо- микон Политикæмæ акаст иуфарсырдыгæй, федта дзы æрмæстдæр уый, æмæ капиталистон элементтæ кæй баз- мæлыдысты хъæуты дæр æмæ горæтты дæр. Уыцы хъуыд- даг поэты зæрдæйы гуырын кодта æнкъарддзинад, фæ- зынд æм тасдзинад, куы та стыхджын уой уыцы капи- талйстон элементтæ, зæгъгæ, Æмæ революцийы агъом- мæ цы мæгуырты сæрыл дзырдта йе ’сфæлдыстады, кæй 106
зондахаст, кæй бæллицтæ æвдыста, ныр дæр та — ног дуджы, ног уавæрты мидæг — поэт дзуры уыцы «фыц- цагон» хæххон мæгуырты тыххæй, æвдисы хæххон мæгуыр царды нывтæ, сидзæр сабиты тыхст уалдзæг. Фæлæ уыцы мæгуыртæ фылдæр хатт æвдыст цæуынц æнæбон æмæ лæмæгъæй, царды зындзинæдтимæ фаг чи нæ тох кæны, зындзинæдтæ кæй абырсынц, ахæм адæймæгтæй, хатгай Нигеры мæгуыры йæ хъизæмар цардæй «фервæзын кæ- ны» мæлæт («Дæу цы домы», «Мæгуыры мæлæт»). Зæ- гъын хъæуы уый, æмæ фылдæр хатт уыцы мæгуыр хæх- хонтæ Нигеры сфæлдыстады (ныхас цæуы 1922—1927 азты тыххæй) фæзынынц æгæр абстрактон хуызы, сæ «фыццагон» дарæсы æмæ уавæрты мидæг. Уый у Нигеры сфæлдыстады лæмæгъдзинæдтæй иу. Фæлæ уæддæр поэт йæ адæмы, йæ хæхбæсты тынг кæй уарзта, мæгуыр фæл- лойгæнæг адæмы риссæй кæй рыст æмæ сæ цард фæхуыз- дæр уа, уый йæ кæй фæндыди, уый дызæрдыггаг нæу. Уый тыххæй сты поэты мæстæйдзаг ныхæстæ арæзт, НЭП-ы рæстæг чи фæхъæздыг ис, мæгуыры рисс кæй нал домдта, ахæммæ: Ды нæ хъусыс, уад куыд ниуы, Тард, мæллæг зæронд куыдзау. Ды нæ зоныс: зæрдæ риуы Уыцы ниуынæй ныссау. Дæу цы ’ндавы, дæу цы домы: Галуан — райдзаст, хъарм, сыгъдæг. Къух нæ атулдзынæ доны, Фæндаг — раст æмæ быгъдæг!.. («Дæу цы домы!..») Иуырдыгæй, цардæй æфсæст чи у, йæ къух уазал до- ны чи нæ тулы, ахæм адæймаджы (непманы) обрæз, ин- нæрдыгæй — хохаг зын куыстæй йæ бон кæмæн нал у, ахæм мæгуыр адæймаджы обрæз. Афтæ ныхæй-ныхмæ æвæры поэт «Аскъуи, атъæпп у», зæгъгæ, йæ æндæр æм- дзæвгæйы дæр (уый дæр уыди НЭП-ы фыццаг азты фыст) горæтаг хъал бонджынты æмæ хохаг мæгуырты: Адæм уалдзæгмæ Се ’ргом аздæхтой. Къухæй-къухмæ та Уайы малусат. 107
Ам та, рухс уынгты, Буц чызг, хъал лæппу Фындзмæ дардзысты Уый парахатæй. Ма тæрс, ма фæтæрс Ды, мæ сау зæрдæ, — Ам нæ гуырæн зæхх Зæрдыл не ’рлæудзæн. Уым ныр афонмæ Мит фæлдзæгъдæнæй Уары; уазалæй Ризынц бирæтæ. Кæнæ даргъ саппыл Гом — æгæрццæй та Къахынц бирæтæ Уизза, салд хуычъы. («Аскъун, атъæпп у...») Уыцы рæстæджы фыст æмдзæвгæты мидæг æрдз дæр æвдыст цæуы æнкъард хуызты, тызмæг æмæ карзæй: Арв йæ цæстысыг Калы тар зæххыл. Дымгæ баниуы Рагъы, сау хъæдты; Дуртæ базмæлынц Хохы, лæбырдты. («Талынг. Рухсы цъыртт...») Зымæг, бамбæрзтай нæ митæй, Нал ыстæм сæрæн дæ митæй: Уад, тымыгъ, фыд хъызт. («Зымæг»). Дымгæ баниуы Кæмтты, сау кæмтты; Фатау баныхсы Уый фæллад риуы. Калмау атыхсы Уайтагъд зæрдæйыл. («Фæззæг») Ахæм примерты нымæц ис фæфылдæр кæнæн. Фæлæ адон дæр фаг æвдисынц, поэтмæ 1922— 1927 азты цы зæрдæйы уаг уыди, уый. Уыдонмæ ма куы бафтауæм, 108
уыцы рæстæджы поэты тематикæ уæрæх кæй нæ уыд, æрмæстдæр хæхтыл æмæ хæхбæстыл баст кæй уыдис, уы- цы хъуыды, уæд æххæстæй раргом уыдзысты поэты инте- рестæ, йæ бæллицтæ æмæ йæ зондахаст. Рабæрæг уы- дзæн уый, æмæ Нигер ног цардимæ æмцыд кæй нæ код- та, цард размæ кæй цыд, уый та иу ран кæй лæууыд, æмæ афтæмæй иуцасдæр рæстæг тагъд цæуæг цардæй фæстейы кæй аззади. IV Коммунистон парти кæддæриддæр стыр аргъ кодта аивадон литературæйæн, бæрзонд æвæрдта литературæ- йы идейондзинад, æдзух йæ цæст дардта фысджыты хъо- мыл кæнынмæ. УК(б)П-йы ЦК «Партийы политикæ аи- вадон литературæйы фарстатæм» зæгъгæ, йæ резолюци- йы (1925 аз 18 июны), советон литературæ цы уавæрты уыд æмæ йæ дарддæр рæзты фæндæгтæ куыд хъуамæ уой — æрæвæрдта уыцы фарст. Уыцы резолюци амоны, зæгъгæ, советон литературæйы рæзтæн ахсджиаг хъуыд- даг у, зæхкусæг фысджыты рæзгæ кадрты «Пролетарон идеологийы рельсытыл» æвæрын. Парти æдзухдæр йæ цæст дардта æмæ æххуыс кодта, Нигеры хуызæн растзæр- дæ чи уыдис, фæллойгæнæг адæмы чи уарзта, фæлæ ма цасдæр рæстæгмæ ног царды гуылфæнæй иуфæрсты чи цыд, ахæм фысджытæн. Парти сæ ахуыр кодта, амыдта сын, се ’цæг фæндаг коммунистон парти æмæ советон хицауадимæ кæй у. Уый æмæ парти уыцы фысджыты иу «джиппы» нæ уагьта, уыцы иухуызон фыссут, зæгъгæ, сын нæ дзырдта; уый нæ, фæлæ ма сын уæрæх фадæттæ арæзта аивадон формæтæ агурыны хъуыддаджы. Парти домдта, цæмæй фысджытæй алчидæр, аивадон формæтæ агургæйæ, æвдыстаид йæхи хъæппæрисдзинад, ерыс код- таиккой кæрæдзиимæ. Коммунистон партийы цæстæнгас æмæ политикæ стыр ахъаз фесты советон литературæ стыхджын æмæ дарддæр рæзын кæныны хъуыддаджы. «Æмдзугæнджытæ» кæй хуыдтой, уыцы фысджытæн сæ фылдæр зынгæ хай, сæ хуыздæртæ, æрлæууы- дысты пролетарон идеологийы фæндагыл коммунизмы тырысайы бын, рахызтысты социалистон реализммæ æмæ сысты æцæг советон фысджытæ. Ахæм фæндагыл чи ра- цыд, уыцы фысджытæй иу уыдис Нигер. Нигер йæхæдæг хорз æмбæрста йæ тых æмæ йæ лæ- мæгъдзинæдтæ. Йæхимидæг быцæу кæнгæйæ, уый агуырд 109
та йе ’сфæлдыстадæн фæндаг. Ног дуг кæй ралæууыд æмæ ног зарджытæ кæй домы, уый йын йæ зæрдæ амыд- та. Ацы хъуыды хорз æвдыст цæуы поэтæн йæ лирикон æмдзæвгæ «Арв ныххудти, мæй йыл хъазы», зæгъгæ, уым. Мæнæ æмдзæвгæ æнæхъæнæй (фыст у, æвæццæгæн, 1923 азы): Арв ныххудти, мæй йыл хъазы. Зæхх сæ быны ’васт ныхъхъус. Уды ацы хъызт фыд азы ^- Нал тæрсын кæны æнус. Фæндтæ уайынц, риу сæ райы, Уæнгтæ ризынц, дзых ныммыр. Мæн мæ зæрдæ никуы сайы: Зонын -— зарын хъæуы ныр. Фæлæ зарæгæн йæ хуызæн Ницы ма хатын бæлвырд, Йе цæй фæдыл, йе куыд уыдзæн, Арвы нæрынау мæ дзырд. Поэт хорз æвдисы йæ лирикон геройы зæрдæйы мид быцæутæ. Зарын кæй хъæуы, ууыл Нигеры лирикон ге- рой нал дызæрдыг кæны, фæлæ йæ дзых ныммыр, нæ зо- ны, йæ зарæг куыд рауайдзæн, æмæ йæхимидæг тыхсы. Йæ риуы тох кæнынц дыууæ тыхы — талынг æмæ рухс, уыдонæй хъуамæ иу уæлахиз фæуа, аннæ та састы бына- ты баззайа. Æмæ уæд сбæрæг уыдзæни поэты дарддæры фæндаг. «Цæстытыл хуыссæг нæ хæцы...» зæгъгæ, уыцы æм- дзæвгæйы Нигеры лирикон герой бæлвырд æвдисы йæ сагъæстæ, йæ зæрдæ саджил кæй у æмæ дзы стыр бы- цæутæ кæй цæуы. Талынг æхсæв цавæрдæр фыд-фынау ныббадти йæ риуы æмæ йæ удхарæй мары... Æнусон, æнæмæлгæ дымгæ лирикон геройы хъусы бацагъта, йæ мæгуыр фыд куы гуырди, уæд ын уый, дымгæ, æвгъæдгæс кæй уыд, ныр та йын йæ цыртыл йæ- хи кæй рахафта, тæрсын æй кæны, дæуыл дæр «райсом ракæндзынæн хъарæг», зæгъгæ. Афтæ удхарæй мардтой.талынг æмæ дымгæ поэты лирикон геройы, фæлæ фервæзти уыцы удхарæй, йæ ир- вæзынгæнæг та уыд боны рухс. Байхъусæм Нигеры æм- дзæвгæмæ: Дымгæ, талынг мыл фæлтæрæн Кодтой; нал уыдтæн мæ сæрæн, Фæлæ бон ныллæууыд не ’хсæн — 110
Æмæ бонвæрнон фæдисы Арвыл ферттывта мæ хъæрмæ. — Рудзынгæй йæхи æвдисы... Нал хуыдтон мæхи уæд сидзæр... Хурты хурзæрин, мæ сæрмæ Мауал равдис ды дæ изæр!.. . («Цæстытыл хуыссат нæ хæцы» 1927 аз). Стыр аивадон тыхимæ равдыста поэт йæ лирикон ге- ройы тухитæ æмæ хъизæмар, «талынг» æмæ йæ «дымгæ» ингæнмæ куыд кодтой, фервæзæн ын куыд нæуал уыд, фæлæ фæстагмæ бон се ’хсæн куыд ныллæууыд æмæ йæм рудзынгæй йæхи куыд æрбавдыста, куыд æй фервæзын кодта уыцы рухс, уый. Æмдзæвгæйы лирикон герой цин кæны йæ фервæзынгæнæг боны рухсыл. Уыцы рухс у ног дуджы символ, фæллойгæнæг адæмы сæ талынг цардæй чи фервæзын кодта, Нигеры хуызæн поэттæн се ’сфæл- дыстад рухс фæндагыл чи арæзта. Рухс æмæ талынг ныхæй-ныхмæ æвæрын, талынгæй рухсмæ тындзын, — уыцы мотивтæ Нигермæ уыдысты арæх. Поэт бæллы рухсмæ, уый у кæддæриддæр йæ бæл- лиц, йæ ирвæзынгæнæг. «Арв нæры», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæйы дæр ныхæй- ныхмæ æвæрд цæуынц дыууæ тыхы — дымгæ æмæ сау мигътæ. Тох кæны дымгæ хуры æмбæрзæг мигътимæ: Дымгæ зилы, тилы мигъты: Абон баййæфтой йæ ард!.. Æмæ фæстагмæ: Хур фæзынди мигъты скъуыдтæй, Хæхтыл аныдзæвд йæ тын. Зæрдæ хаты: райсом раджы Зæххыл байдайдзæн хæтын... Дымгæ хъал бæхау куы кафы, Мигъты тауы ’мæ тæры. Хъусут: абон сар сæ къона — Зæхх нынкъуысти, арв нæры! («Арв нæры», 1928 аз). Ацы мотив æвдисы Нигеры идейон-эстетикон æмба- рындзинад куыд ивгæ цыд, йæ революцион пафос куыд тыхджын æмæ уæлахиз кодта, уый. Нигер йæхи уæйыгау банкъуыста, цæмæй аппара, фыццагон цардæй ма йе 111
’ккой чй баззад, йæ къæхтыл сахсæнтау чи тыхсти æмæ йæ размæ даргъ санчъехтæ кæнын чи нæ уагъта, йæ дзы- хыл ын цъутта чи æвæрдта æмæ^йæ хъæлдзæг зарын чи нæ уагъта, уыцы уаргъ. Зын уыд Нигерæн уыцы уаргъ аппарын — сахуыр ыл ис, фæлæ йын æй æнæ аппаргæ нæ уыд, райсын хъуыди ног уаргъ. Уыцы вазыгджын психо- логон процесс йæ фæд ныууагъта Нигеры сфæлдыстады (æмдзæвгæтæ: «Бонивайæн», «Рындзыл», «Арв нæры», æмæ æндæртæ). Поэты æнæнцой зæрдæйы раздæр адæммæ цы уар- зондзинад уыд, уый ныр ноджы тыхджындæрæй йæхи раргом кодта. Уый йæ цъæхснаг уадындзæй райдыдта цины зарджытæ кæнын: Хъус — ам, уартæ комæй Булæмæргъ ныззардзæн. Диссæгтæ йæ комæй Хуры рухсмæ калдзæн»... ^Хатын, зонын, уалдзæг, Æз дæ тых дæ хъару: Ныр куы стæм дæ уазæг, Зымæг барджын нал у. («Худпæ, хъазгæ, райгæ», 1928 аз). Нигер сабиты фæдзæхсы уалдзæгыл: Барæвдау сæ сонтæй, Бахиз сæ æлдарæй. Кæстæртæн мæ бонтæ Æз дæттын хæларæй. Сидын сæм: сæрибар Уæд сæ риутæн адджын — зæгъы Нигер, уæлдæр цы æмдзæвгæйы кой кодтам, уым. Уæдæй фæстæмæ та сæрибардзинад ссис Нигеры поэзи- йы тырыса. Уый ныффыста, поэты идейон æмæ аивадон дæсныдзинады рæзт чи æвдисы, иукъорд ахæм тыхджын уацмысы («Æз цагъайраг нæ дæн», «Мулдар», «Хидыл», «Фæстаг хъæбыс» æмæ æндæртæ). «Æз цагъайраг нæ дæн», зæгъгæ, уым лирикон герой дзуры: Æз цагъайраг нæ дæн, Æз нæ хæссын къæлæт, Фæлтау дардыл мæ туг, Донау, уайæд, кæлæд! 112
Поэты ацы ныхæстæ баст сты ивгъуыд дарды фыдæх- тимæ. Мад йæ цæссыг калгæйæ, йæ зарæг-хъарæджы ра- кодта йæ фыртæн ивгъуыд царды сау хабæрттæ. Сæрибардзинад уарзын, цагъардзинады ныхмæ тох кæнын поэт абстрактон хуызы нал æвдисы, фæлæ йæ бæтты нæ ног дугимæ, советон патриотизмимæ. «Мулдар», зæгъгæ, уыцы кадæджы ноджы тыхджын- дæр æмæ арфдæр æвæрд æрцыдысты цагъардзинады ныхмæ тох кæныны мотивтæ. «Мулдар» у романтикон уацмыс, фæлæ Нигеры романтизм баст у царды æцæг- дзинадимæ, Нигеры романтизм у размæ кæсæг, револю- цион романтизм. Лæг хъуамæ цагъайраг ма уа, цагъардзинад сæрмæ хæссинаг нæу, адæймаджы цагъары бынаты чи æвæры, уый ныхмæ хъуамæ кæна карз, мæлæтдзаг тох, цагъар- дзинады ныхмæ чи нæ тох кæна æмæ тох кæнын чи нæ уадза иннæты, уый де ’фсымæр куы уа, уæддæр у де ’знаг, — афтæ у уацмысы идейæ. Адæймаг хъазæн хъул нæу, адæймаджы хъуамæ фо- сау мачи нæма, адæймаг хъуамæ цагъардзинады бæт- тæнтæ тона, хъуамæ сæрибардзинадмæ тындза æмæ йæ хъахъхъæна, — уыдон уыдысты Нигеры ахсджиагдæр хъуыдытæ «Мулдар» фысгæйæ. Нигеры сфæлдыстады «æнкъарддзинады рæстæг» кæй хонæм, уый кæцы аз, кæцы бонмæ ахæццæ ис, зæгъгæ, уый бæлвырдæй зын зæгъæн у. Æрмæст уый зæгъæн ис, æмæ та 1928— 1929 азты поэтмæ тыхджын кæнын бай- дыдтой ныфсдæттæг æмæ размæхонæг мотивтæ. Уый æмæ, кæд раздæр Нигеры сфæлдыстад иудадзыгдæр баст уыди хæххон цардимæ, уæд фæстæдæр поэт рахыз- ти ног темæтæм. Фæлæ уыцы «рахызт» бæрзонд æфцæ- гыл рахизынау зыи кæй уыд, поэт кæм райгуырди æмæ йæ сабийы бонты йæ зæрдæйы арф бынат чи скодта, уы- цы хæхты æмæ хæххон царды нывты куыд тынг уарзта æмæ йын уыдонæй йæхи ратонын куыд зын уыд, уый зы- ны йæ бирæ уацмысты. V Нигер куы февдисы хæхбæсты мæгуырад, хохаг æр- дзы тызмæг нывтæ, тар ахорæнтæй сæ куы фæахоры, уæддæр дызæрдыггаг нæ вæййы, уыцы хæхты поэт тынг 8 Цард æмес поэзи 113
кæй уарзы, цыдæр æмбæхст, бамбарынмæ зын чи у, æр- мæст зæрдæйæ æнкъарæн кæмæн ис, ахæм æхсызгондзи- над ын кæй дæттынц, уый. Поэт фæдзæхсы, йæ «цардæн куы фæуа йæ фæндаг», уæд ын йе ’стджыты хохмæ куыд баласой, йæ ингæн Нармæ куыд зына, ахæм ран æй куыд баныгæной. Ныссадз-иу мæ сæрмæ бæрз бæлас, Ууыл цъиутæ сæ ахстон куыд дарой, Æмæ-иу дзы уалдзыгон ал-аз Сæрибары зарæг куыд зарой. («Фæдзæхст»). Йæ иннæ æмдзæвгæйы поэт ноджы æргомдæр æвди- сы йæ уарзондзинад йæ райгуырæн хæхтæм: Боиæй, æхсæвæй, Буцæй, фыддзæфæй Нæу мæнæй рох Райгуырæн хох. Уарзын дæ, хох! («Уарзын дæ, хох»). Нигер хæхбæстæм цы уарзондзинад дардта, уый æв- дисæг канд ацы рæнхъытæ не ’сты. Поэт хæхтимæ уыд æнгом баст. Æмæ ног дугмæ, ног социалистон Ирыстон- мæ йе ’ргом раздахгæйæ, поэты хъуыд ног темæтæм ра- хизын. Уымæн æмæ поэт æгæр абстрактон хуызы æвдыс- та зæронд царды нывтæ, цард та домдта ног дуджы нывтæ æвдисын. Кæнæ размæ ног дуджы гуылфæнмæ цæуын хъуыд, кæнæ фæстæмæ хæхты хъæбысмæ, «сæ- гæйдзаг хæдзар» æмæ «сау къонамæ»; кæнæ зæронд Ир, кæнæ — нæуæг. Нигер равзæрста размæ цæуыны фæн- даг. Уыцы æгъдауæй æркæсгæйæ, Нигеры сфæлдыстады зынгæ бынат ахсы æмдзæвгæ «Хидыл». Ацы æмдзæвгæ- йы стыр аивадон хъаруимæ Нигер равдыста йæ лирикон геройы дызæрдыгдзинæттæ, йæ философион хъуыдытæ æмæ тых. Герой йæ дызæрдыгдзинæдтæй æрхаудта йæ «фæлварæн хидыл» — размæ æви фæстæмæ? йæ бæрзæй фæстæмæ фæзылдта æмæ: Мигътæ фæстейы æмтъерыйæ уайынц. Агъуыд куитау мæм ызгъорынц, лæбурынц. Бæстæ — æмдалынг, сæнтсау ингæн — растдæр 114
Уайтагъд фæзылдтон мæ бæрзæй æз размæ. Нал ис фæстæмæ ыздæхæн, нæй, нал ие: Зындонмæ чи ’здæхы барæй йæхæдæг, Хи къахæй чи цæуы ингæны хуылфмæ?! Размæ дæр кæсы герой, фæлæ уым дæр æнцойдзинад нæ зыны: мигъты дзыгуыртыл «арв æзгъалы йæ судзгæ цæхæртæ», арвы рухс сау мигътимæ мæлæтдзаг тохы ба- цыд. Размæ æви фæстæмæ? — тыхсы Нигеры герой. Хи- дыл хуысгæйæ, кæсы хæххон доны абухгæ уылæнтæм, уыдон тындзынц размæ, арф фурдмæ. Дарддæр Нигер æвдисы, куыд æм фæзынд ныфс æмæ куыд фæуæлахиз ис, размæ йæ чи тындзын кодта, уыцы зæрдæ йæхими- дæг тохы: Уалынджы хæхтæ ныццарыдтой тынгдæр, Арвы сæртæг гæрах хъусты фæныхсти. Фесхъиудтон... Цæстæнгас размæ фæуырдыг: Рухсы хæрдгæхуыз хал цæстытыл сæмбæлд, Цæсты ысмидæг ис, зæрдæйы аныхст. Катай фæмынæг, мæ зæрдæ фæцырд ис. Дзуры мæм риуæй: «гъæйтт, гъæтт-мардзæ, размæ!» Бæрзæй фæкъуырдта, æндон цъæтау сæры. Зæнгтæ, хъандзæлттау, куы фесхъиудтой размæ... Гъæйтт, уæдæ, размæ, размæ ’мæ размæ!!! («Хидыл»). Нигеры сфæлдыстады ацы æмдзæвгæйæн ис про- граммон нысаниуæг. Поэты лирикон герой фæуæлахиз йæ мидбыцæутыл, йæ дызæрдыгдзинæдты абырсын йæ бон бацис. «Гъæйтт, уæдæ размæ, размæ ’мæ размæ», зæгъгæ, ацы ныхæстæ сысты Нигеры поэзийы сæйраг ми- ниуæг, идейон тырыса. Иæ идейон-эстетикон ахастмæ гæсгæ ацы æмдзæвгæ хæстæг у «Фæстаг хъæбыс»-мæ. Поэт йæ цæстыты «хæрв» асæрфта æмæ йæ фыды хæдзармæ акаст æндæр цæстæй: Ингæнау мыл уазал æмбæлы дæ цардæн, Дæ уындæй нырризы, нырризы зæрдæ... Ды аззадтæ фале... Цы ма дын кæндзынæн- Нæй амардæн хостæ, нæй асастæн хос! Тынг кæй уарзта, уыцы хæхбæстæ æмæ поэты æхсæн «февзæрд егъау айнæг хох», сæгджын хæдзар айнæгæн 115
йæ фале аззад, поэты та царды уылæн йннæрдæм айста. Поэт бамбæрста, уæды онг йæ зæрдæйæн адджынæн кæй дардта æмæ зарджытæ кæуыл кодта, уыцы хæххон пат- риархалон цард ингæнау уазал кæй у («ингæнау мыл уазал æмбæлы дæ цардæй»), йæ «цæцжындз» кæй «ныс- састи», йæ бындур кæй «смæнг». Уый у ивгъуыд царды фæлгонц, æмæ ма йæм кæд поэт йæ хъус дары, уæддæр æрмæст уымæн, цæмæй йын йе ’стæгдар историйы му- зеймæ æрхæсса. Зæронд Ирæй йæхи бынтон кæй рахицæн кодта, йæ цæстæнгас ивгъуыд царды талынг къуымтæй рухс фи- дæнмæ кæи раздæхта, уый тыххæй Нигер йæ хъуыдытæ ноджы æргомдæр загъта «Нæ тæрсын æз», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæйы: Ысуинаг дуг уыдзæн мæнæн лымæн... Нæ дæн, нæ дæн, зæронд Ир, æз дæ зарæг: Фæстæмæ æз мæ фыны дæр нæ бырын. Фæзынут, цæй, кæмæн у размæ Иæ цæстæнгас, йæ каст! Цæуын уæ разæй æз, Ныхасмæ Æз нал хæссын мæ хъаст... Æрцу, о, нæуæг Ир! Уæрæх — мæнæн мæ риу, парахат риуы — зæрдæ. Æрцу æмæ йæ цъир! Æрцу æмæ йæ цъир — Æз байтыгътон мæ тæрттæ! («Нæ тæрсын æз») Ацы æмдзæвгæтæ æвдисынц, Нигер йе ’сфæлдыстады ног къæпхæнмæ кæй схызт, уый. Ни-гер ссардта йе ’цæг фæндаг. Уый сси ног советон Ирыстоны зарæггæнæг. Нигер аиуварс кодта, йе ’сфæл- дыстады фæндагыл йæ размæ цы «цæлхдуртæ» уыди, уыдон. Уыцы хъуыддаджы Нигерæн стыр æххуыс фесты советон хицаудзинад æмæ коммунистон парти. Социа- листон цардарæзты стыр скуыхтытæ уынгæйæ, марксизм- ленинизм ахуыр кæнгæйæ, бонæй-бонмæ йын парти цы стыр æххуыс кодта, уый фæрцы Нигерæн йæ бон баци социалистон советон культурæ аразджыты раззагдæр рæнхъыты æрлæууын. Ног хъуыдытæ æвдисгæйæ, Нигер йе ’мдзæвгæтæн агуырдта ног формæтæ, бæрзондæй-бæр- зонддæр кодта йæ поэтикон дæсныдзинад. Уыцы сфæл- дыстадон стыр ивындзинæдтæ та æмткæй райсгæйæ уый 116
нысан кæнынц, æмæ поэт йæ зæронд методæй, зæронд критикон реализмы методæй ног методмæ, социалистон реализмы методмæ кæй рахызт. VI Социалистон реализмы методмæ рахизгæйæ, Нигер ныффыста йæ тæккæ хуыздæр уацмыстæ. «Нæ тæрсын æз», «Гыцци», «У фадат аразæг», «Ног эрæ», «Фыдохы бон», «Прометейы сынтæг», «Кончито Мало» æмæ æидæр бирæ уацмыстæ. Æртынæм азты социалистон экономикæ æмæ куль- турæйы стыр рæзты фæрцы поэт Нигеры зондахаст фæ- тыхджындæр ис, йæ уацмысты тематикæ фæуæрæхдæр, цы проблематикæтæ æвæрдта йæ поэзийы, уыдоны фило- софон ахадындзинад фæарфдæр ис. Нигеры лирикон герой райгуырди ногæй, дунемæ акасти «ног» цæстытæй, федта дзы ног цаутæ, йæ зæр- дæмæ арфдæр айста социалистон райдзаст царды æууæл- тæ. Поэт уыцы ног æууæлты фылдæр уыдта уалдзæджы хуры (уалдзæг ссис Нигеры уарзон обрæз). Уый æмæ уалдзæджы обрæз равдисынæн поэт ссардта ног дзырд- тæ, зæрдæйы бынæй чи цыди, ахæм эпитеттæ æмæ мета- форæтæ. Мæнæ йын байхъусæм йе ’мдзæвгæмæ: Æрцыд, æртахт нæ цъæх уалдзæг, Нæ цъæх уалдзæг, нæ худæндзаст. Хъус, рудзынгæй æрбафсæрста Бул-булы зард уæрæх... Кæс, зæрватыкк, нæ буц уазæг, — Йæ базыртæй ысхъазыди. Ысулæфыди хъæд. Нæ бæрз бæлас нæ кауы раз Иæ цæссыгтæ куы асæрфта, Куы ныттылдта йæ сæр. Хæрис тала нæ донгæрон Йæхи нымæры бахуды, Къæдз-мæдзытæ куы авæййы, Ысраст вæййы нæуæг. Уый хуримæ тын нывæнды, Уый уалдэæгæй рæвдыд исы... Ахæм цин æмæ цардмондаг у Нигеры «дыккаг» уал- дзæг. Поэты фæнды фырцинæй уалдзæджы йæ хъæбысы ныккæнын. 117
Ног эрæ кæй ныллæууыд, æмæ адæймаг нæуæг кæй гуыры, уый поэт бамбæрста зæрдæйæ, уыны йæ йæхи цæстæй, дзуры æргом йæ бæллицтæ, фæнды йæ уый фаг хъæлæс куы ссарид: Æз зонын: ног эрæ ныллæууыд, Куы гуыры адæймаг нæуæг... Фæнды мæ: фаг хъæлæс куы арин, Уæд рæвдзæй алы бон дæр зарин Дæ зарæг, ног дуджы фæтæг! («Ног эрæ»). Серго Орджоникидзейы амарды фæдыл стыр зæрдæ рисгæйæ цы æмдзæвгæ ныффыста Нигер, уым дæр Ок- тябры революцийы фæуæлахизы циндзинад æвдисгæйæ, поэт пайда кæны уалдзæджы обрæзтæй. Ирыстоны ми- дæг ног советон царды райгуырд поэт æвдисы райдзаст уалдзæджы хуызы: Сау мигъ апырх нс, Сау мигъ атар ис. Æмæ худгæ хур Арвыл бахъазыд, Тавы уыцы хур Мæн йæ хъарм тынтæй, Фестад дидинæг, Кæс, мæ фидар риу. («Фыдохы бон»). Нигеры поэтикон-сфæлдыстадон мадзæлттæй иу у исты цаутæ ныхæй-ныхмæ æвæрын: рухс æмæ талынг, зымæг æмæ уалдзæг. Æмæ ма кæд поэт ивгъуыд цард æрымысы, уæд æрмæстдæр фыд-зымæг кæнæ тар æхсæ- вы хуызы æнæуынон обрæз равдисыны тыххæй. Лндзы зæронд лæг, Уд зынаргъ куы у... Фадхос... æрчъитæй... Къæхтыл атыхсы... Нæ! уый раджы уыд, Уый фыдфын уыдис! Фесæф, тарф зымæг, У ды ме ’нæуынон! («Уалдзæг»)- Ног цард уалдзæгимæ кæм бары, ног царды цин уал- дзæджы цинимæ кæм бæтты, ахæм æмдзæвгæтæ бирæ ис Ннгермæ. 118
VII Ног дуджы стыр уæлахиз, советон адæмы хъæздыг царды нывтæ Нигер уæлдай тыхджындæр равдыста «Гыцци» æмæ «Терчы цур», зæгъгæ, уыцы поэмæты. Ам дæр, уæлдæр куыд загътам, афтæ Нигер ныхæй-ныхмæ æвæры советон колхозон адæмы рухс цард æмæ фыццаг заманы т\алынг цард. Дыууæ поэмæйы мидæг нын поэт иттæг бæЬвырд æмæ бæстонæй æвдисы хæххон царды нывтæ ивгъуыд заманы. Фæлæ кæд фыццаг Нигерæн хæхбæсты царды нывтæ цыдæр романтикон адджындзи- над лæвæрдтой, уæд фæстæдæр, социалистон реализммæ рахизгæйæ, ивгъуыд хæххон царды нывтæ Нигерæн сыс- ты æнæуынон. Æмæ ма сæ кæд йæ кадджыты афтæ бæстон æвдисы, уæддæр æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй фæсивæдæн дæр суой æнæуынон, æмæ сæ ног царды уавæртæ сæ цæсты ноджы тынгдæр ахадой, цæмæй сын ног царды тынтæ сæ зæрдæ тынгдæр срухс кæной, æмæ æнувыддæр уой коммунистон партийыл, коммунизм аразыны хъуыдда- гыл. «Гыцци» æмæ «Терчы цур», зæгъгæ, уыцы поэмæты Нигер ныхæй-ныхмæ æвæргæйæ, равдыста ивгъуыд цар- ды удхартæ æмæ ног советон царды цин æмæ зæрдæра- йæн фæллой. Поэт бæстон æвдисы Гыццийы цардæй (кæд ын цард схонæн ис, уæд)! æрмæст иуæхсæвæмæ иу бон. Фæлæ уыдон барæй равзæрст бон æмæ æхсæв не ’сты. Гыццийы æппæт бонтæ æмæ æхсæвтæ уыдысты æмхуы- зон, поэмæйы куыд æвдыст цæуынц, афтæ. Чиныгкæсæ- джы цæстытыл уайы Гыццийы обрæз, йæ бирæ тухитæ æмæ йæ фыдæбæттимæ. Цæстытыл уайы (æмæ уымæй бæрæг кæны поэмæйы аивадон тых): уазал хъызт æхсæв- ты йæ чысыл хъæбулы куыд норста нымæты, гæды æмæ сæм гоко дæр сæхи куыд ластой, уый; цæстытыл уайынц, æмæ зæрдæ хаты, зымæгон даргъ æхсæвты куыд цыбыр уыдис Гыццийы æнцойдзинад, куыд даргъ æмæ куыд æгæрон уыдысты зымæгон цыбыр бон Гыццийы тухитæ. Гыццийы царды нæй иу рухс бон, иу циндзинад. Суанг ма йын йæ ахсджиаг хъæбул дæр у уæлдай маст æмæ "уæлдай уæзы хос. «Сис мæ, Гыцци, де ’ккой, цæй!» — дзуры сывæллон нæ мадмæ, цæуынæй куы бафæллад, уæд. Поэт цыма йæхæдæг уьтд уыцы саби, цыма йæ мысннæгтæ дзуры: 119
Ниуыс: «О, мæ бон! Мæ хуызæн Хур цæмæн фены, кæцæй!» Хилыс сабыргай нæхимæ, Де ’ккой — дзæкъул, ууыл — æз. Ды мæ къух æлхъивыс риумæ, Хилыс къулы... Æммыст, фæз! Афтæ арвыстай дæ бонтæ, Иу сæ иннæмæй фыддæр! / Фæлæ уыцы бонты раивтой æндæр бонтæ. Ралæууы- дис ног дуг. Советон хицауад мæгуыр фæллойгæнæг хæх- хон адæмы фервæзын кодта сæ хъизæмарæй. Помещик- тæ æмæ кулакты къухы чи уыд, уыцы зæххытæ сын рад- та æмæ сæ быдырмæ ралидзын кодта. Сырæзыдысты æмæ стыхджын сты колхозтæ. Социалистон æхсæнады фæл- лой ссис кад æмæ намысы хъуыддаг, цин æмæ зæрдæ ра- йæн хъуыддаг. Октябры революци суæгъд кодта сылгоймаджы ца- гъардзинады уавæрæй. Советон сылгоймаг над цæры Гыццийы цардæй. Гыццийы чызг дæр цæры æндæр цар- дæй, кусы колхозы. Нигер стыр пафосæй æмæ зæрдæрухсæй æвдисы хæх- хон сылгоймаджы ног уавæрты, колхозон куысты. Кол- лективон райдзаст куыст ссис поэты аивадон идеал, бæл- лиц. Поэт сиды, ивгъуыд цард йæ сонты бонты йæ къæх- ты бын кæй ныссæста, уыцы Гыццимæ патетикон хъæлæ- сæй: Ракæс, ракæс ма, дæ цæстæй! Ракæс, мауал у æнкъард! Фен, куыд аивта кæ бæстæ, Фен, куыд фендæр ис нæ цард! Кæс, дæ чызг куыд цæры, уымæ, Кæс, цы у, куыд у йæ куыст — Хъазгæ рараст ис йæ куыстмæ, У дæ сагъæстæй уый хызт. Чысыл аивадон штрихтæй хорз нывæст у æрыгон кол- хозон сылгоймаджы обрæз, уымæн ныр коллективон куыст у йæ цины суадон, йæ заердæрайæн. Поэмæйы кæронбæттæны та поэт ногæй ракодта уал- дзæджы кой, поэтикон фæсномыгæй коммунизмы уал- дзæджы кой. Зонын — уалдзæг у, ныр уалдзæг, Зонын — нал цæудзæни зæй, 120
Зонын — куыд чындзхон буц уазæг, Ныр рæвдыд ыстæм æрдзæй. Æмæ та йæ уарзон героймæ дзургæйæ, поэт иогæй ракодта зæронд Гыццийы кой: Уыд гыцци. Игæрæй марзта Хæхтæ, къæдзæхтæ, уæддæр Хорæй йе ’стонг дæр нæ саста. Ды ныр амцндимæ цæр! Ныхæй-ныхмæ æвæрд цæуынц ивгъуыд хæххон цард йæ сау тухитимæ æмæ ног колхозон цард йе ’стыр бæр- кадимæ, фæллойы циндзинадимæ «Терчы цур», зæгъгæ, уыцы поэмæйы дæр. Æрмæст нын Нигер поэмæ «Гыц- ци»-йы кæд сылгоймаджы цард равдыста, уæд ацы поэ- мæйы та æвдыст цæуы фылдæр мæгуыр фæллойгæнæг нæлгоймаджы обрæз. Поэмæйы сюжет у хуымæтæг. Поэт (кæнæ йæ лири- кон герой) мысы, йæ фыдыфыд ын йæ мæгуыр удхары цардæй цы хабæрттæ дзырдта, уыдон. Бирæ рæстæг рацыд уæдæй нырмæ. Зæронд лæг æх- хуырсты кæм куыста хъæздгуытæм, уыцы Къардиуы ныр æрцардысты хæххон адæм æмæ дзы хъæздыг колхоз са- рæзтой, цæрынц амондджынæй æмæ бæркадармæй. Ацы поэмæйы сæйраг герой чи у, зæгъгæ, куы ба- фарстæуа, уæд зæгъдзыстæм: адæм, колхозон коллектив. Фыссæджы аивадон идеал у колхозонты райдзаст фæл- лой, æмæ йæ æвдисы иттæг рæсугъдæй. Поэт йæхæдæг дæр ис адæмимæ, йæхæдæг дæр у поэ- мæйы геройтæй иу. Адæм зонынц, цытæ сыл фыста Ни- гер йæ фыццаг уацмысты, уый. Иæ зæрдыл ын æрлæу- уын кодтой йæ ныхæстæ: Ды куыдтай дæ сонтæй Махæн фаг нæ цардыл, Хохы цъассы мардыл Бахынцтай ды мах. Гом æмæ æгæрццæй Хафтам. Сынт нæ фæрстæй Н’ атыдтаид мур... Акæс, ныр дæхæдæг: «Уиззатæ, хуычъытæ», — (Мысыс ма дæ дзырдтæ?) 121
Нал ысты нæ хæрд! Нал тулæм нæ «риуæй» Галуæрдон, куыд раздæр, — Кусы нын трактор, «Цонг ын нæу «мæцъис»... Колхозонтæ поэтæн дæттынц нуазæн, цæмæй сын сæ амондджын цардыл ныззара «абоны дзыхæй». Адон иуæй поэмæйы кæнынц публицистон, ин- нæмæй та æвдисынц царды æцæгдзинад, поэт адæмимæ æнгом баст кæй уыд, уый. Ацы поэмæ тыхджын у эмоцион æгъдауæй. Агайынц зæрдæйы, цæстытыл уайынц йæ нывтæ. Ногдзинад рав- дыста Нигер æмдзæвгæйы арæзты дæр. Поэмæйы стро- фикæ конд у, уæды онг ирон поэзийы чи нæма уыди, ахæм хуызы. Иудэæвгар фæкодтам Цинтæ ’мæ ныхæстæ, Иуыл, цыма, бæстæ Мах уыд, афтæ раст. Цыппаррæнхъон строфа, уыдонæй рифмæ кæнынц æр- мæст дыккаг æмæ æртыккаг. Фыццаг æртæ рæнхъы ис фæйнæ æхсæз уæнджы, йæ ритммæ гæсгæ — хорей, цып- пæрæмы та фондз уæнджы (фæстаг стопа æнæххæст хорей). Нигермæ ис, йæ сюжет ивгъуыд цардæй кæнæ адæ- мон сфæлдыстадæй ист кæмæн у, ахæм поэмæтæ дæр. Поэмæ «Уæхæтæджы фырт чысыл Гуйман» æмæ «Бади- лон симд» сты иу формæйыл фыст — урс (æнæрифмæ) æмдзæвгæтæй, алы рæнхъы дæр фондз уæнджы, ямбы бындурыл арæзтæй. Дыууæ поэмæйы кæрæдзимæ хæстæг сты сæ адæмон бындурмæ гæсгæ, обрæзты адæмон ха- рактермæ гæсгæ. Фæлæ сæ идейон-эстетикон ахаст иу нæу; цы проблематикæтæ æвæры поэт йæ поэмæты, уы- дон иу не ’сты. «Уæхæтæджы фырт чысыл Гуйман» — зæгъгæ, уы- мæн адæймаджы хъысмæт у йæ сæйраг мидис. Гуйман у мæгуыр лæджы фырт, тыхджын æмæ ныфсджын цуанон. Фæлæ хъаруйæ куыд у, зæрдæйæ афтæ нæу. Фæлмæн зæрдæ, æгæр æууæндаг, æмæ уыйадыл фесæфти. Хъас- болат — Гуйманы æрдхорд — мæнгард æмæ фыд-зæрдæ адæймаг. Мæгуьтр Гунман уымæй сæрæндæр кæн уыд 122
цуангæнгæйæ, уый йын нæ ныббарста æмæ йæ гадзра- хатæй амардта. Гуйман у поэты идеал, сыгъдæг æмæ раст зæрдæ адæймаджы обрæз. Хъасбол та хæлæгæй мæлæг адæй-- маг, фыдбылызы къуыбылой. Раст адæймаг æмæ фыдадæймаджы хъысмæт ныхæй- ныхмæ æвæры Нигер «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъауы» дæр. «Бадилон симды» социалон мотивтæ сты тынг тых- джын. «Уæздан» Бадилаты феодалон зондахаст, фæл- лойгæнджытæм цы æнæуынон цæстæнгас дарынц, уыдон аив обрæзты равдыста Нигер. Æлдæрттæн се ’ххуырсты- тимæ фидауæн нæй, зæгъгæ, уыцы хъуыды ис поэмæйы бындуры æвæрд. Нæй, никуы царлы Ыссарæн фидыд Æлдарæн æмæ Æххуырст, æфхæрдæн, — зæгъы поэт йæ кадæджы. Цыбыр, фæлæ аивадон æгъдауæй æххæст характе- ристикæ дæтты Нигер поэмæйы архайджытæн. Иу дыу- уæ — æртæ цыбыр рæнхъы, — æмæ адæймаджы зæрдæйы конд, кæнæ сурæт цæстытыл ауайы. Мæнæ Сафар, Хъуы- бадты хистæр: У сатæг агъуыст — Æфснайд, уæд райдзаст, Уæлейы бады Сафар — сæ хистæр. Бæмбæг у йе ’взаг, Сындз та — йæ зæрдæ, Фыдæй-фыртмæ дæр Уыдис, гъе, ахæм Сæ конд Хъуыбадтæн. Мæнæ дын уый та дыккаг бадилон — афицер Иналы сурæт: Уæд хъазтмæ бахызт Инал — афицер. йæ худ бæрзонддæр Куы систа ныхыл, Кæнынц сырх æрттывд Цæстæй, уæд русæй... 123
Æндæр хуызты ныв кæны поэт мæгуыр Фацбайы: Фацбай æргæвды Казс-ма, нæл фыстæ; Тъæппытæ хауынц Йæ фæрстæ хурмæ. Йæхи сабыргай Æрбайсы хъазтмæ, Бецау, Фацбай дæр Бæрзонд, фæтæн уæхск, Куыстуарзаг, сабыр — Фацбай йæ мадæн Уыди хæрз иунæг. Поэт Фацбаймæ цы уарзон зæрдæ дары, уый бæрæг у йе ’ппæт аивадон мадзæлттæй дæр. Фацбай хъару æмæ зæрдæйæ у Бадилатæй бæрзонддæр, лæгæй-лæгмæ йын ницы хъом сты. Инал йæ карды сæрыл хæцгæйæ æрба- лæууыд Фацбайы раз: Мæстæй ыссыгъди Фацбай — фæтæн уæхск... Йæ галиу къухæй Æрцахста карды, Йæ рахиз къухæй Æрзылд Иналыл. Ыссыд йæ цъæхахст Хъуыбадтон гуырдæн. Фæлæ Хъуыбадтæ бирæ уыдысты, уый та иунæг. Æнаккаг мард акодтой Фацбайы. Нигер йæ геройы рæ- сугъд сæрджын сагимæ бары. Ууыл æвиппайды куитæ сæхи куы ныццавтой, æмæ йæ куыд бахордтой, Бадилаты хъалтæ та Фацбайыл сæхи афтæ ныццавтой. Нигер йæ поэмæйы кæрон поэтикон аллегорийы хуы- зы æвдисы, Бадилатæн сæ фыдмитæ кæй нæ батайдзыс- ты, уый. Афай æфсæст лæг Йæ уатмæ бацыд, Æрхуыссыд буцæй... Æддейы арвæн Ыссыд йæ нæрын. Æртæхтæ хауы: Бæрæг у, арвыл Уыдзæн тыгъды зæй, Ныхсдзæн Фацбайæн 124
Уый ныр йæ тугтæ, Афай та уаты Кæндзæн мæрдфынæй... Ахæм кæрон сходта йæ поэмæйæп. Ивгъуыд цардæй цы сюжеттæ иста, уым дæр Нигер æвдыста адæймаджы хорз миниуджытæ — рæстдзинад æмæ сæрибар уарзын, цагъардзинады ныхмæ тох кæнын, размæ кæсын æмæ размæ бырсын. Фæлæ кæд сæрибар уарзын æмæ сæрибармæ тындзын Нигеры райдайæн фыстыты хатгай æгæр абстрактон хуызы æвæрд уыдис, уæд фæстагмæ, уыцы фарст æнгом баст уыд социалис- тон райгуырæн бæстæ уарзын æмæ хъахъхъæнынимæ. Ацы хъуыдыйæн хорз æвдисæн у кадæг «Сырхæфсæддон дзурдзæн». Ам æнæфæхицæнгæнгæ иу кæнынц уды сæри- бардзинад æмæ социалистон паддзахады интерестæ. Цæйнæфæлтау цагъайраг суай, райгуырæн бæстæйы бар- тæ искæмæ радтай, уый бæсты мæлæт райсын хуыздæр — афтæ у кадæджы сæйраг идейæ. Кадæджы герой хай- джын у советон адæймаджы хуыздæр миниуджытæй. Уый зæгъы: Уарзтон царды цин, Уарзтон хуры рухс, Уæд фæллой кæнын, Уæд æмгардзинад. Ме ’взонг цæсгом у Ирд мæ бæсты раз, Æмæ мæм мæлын Зын куынæ кæсы. Уый у советон адæймаджы мораль, советон æфсæд- дон æнæбасæтгæ тых. Советон адæймагæн йæ сæрибардзинад у йæ райгуы- рæн бæстæ уарзын, райгуырæн бæстæйы сæраппонд хæ- цын æмæ цæрын, бахъуаджы сахат та йæ сæрыл цард раттын, — афтæ æвдисы Нигер йæ геройы. Нигер поэзийы размæ æвæрдта стыр хæстæ: поэзи хъуамæ æвдиса царды æцæгдзинад, поэты фæндыр хъуа- мæ мæнгтæ макуы цæгъда. «О, мæ фæндыр!..» зæгъгæ, поэт йе ’мдзæвгæйы фыссы: Зон, мæ зæрдæйы тæгтæй дын Сарæзтон тæнтæ. Рафыхтон сæ стæй мæ туджы... Макуы цæгъд мæнгтæ! 125
Ыигер поэзимæ уæлæнгай цæстæй нæ касти. Нигермæ гæсгæ поэт хъуамæ уа йæ адæмимæ баст, æвдиса йын йæ хъуыдытæ. Идейæ кæм нæ уыд, ахæм рæсугъд рифмæты Нигер æмдзæвгæтыл нæ нымадта. Иæ поэтикон куыст- мæ цы цæстæй касти, уый зыны йе ’мдзæвгæтæй бирæты. Æрдзы фæлындыны тыххæй Æрвыст нæ дæн ныр цардмæ æз, — Нæуæг адæм — мæ мад, мæ фыд — Æмæ сæ сагъæстæ, сæ фыд Мæнæн куы сты мæ хуыздæр зард, — зæгъы Нигер йæ иу æмдзæвгæйы. Уыцы хъуыды ссис Нигеры поэзийы ахсджиагдæр миниуæг, уæлдайдæр 1930— 1932 азтæй фæстæмæ, поэт йæхи зæронд Ирæй куы рахицæн кодта æмæ нæуæг Ирæн йæ тæрттæ куы байтыгъта (æмдзæвгæ «Нæ тæрсын æз»), уæдæй фæс- тæмæ. Уацмысæн йæ хъуыды, йæ идейæйæн аргъ кæнгæйæ, Нигер бæрзонд æвæрдта йæ аивдзинад: æвзаджы хæрз- хъæддзинад, аивадон мадзæлттæ (эпитеттæ, метафорæ- тæ, барæнтæ æмæ аф. д.). Нигер агуырдта йе’мдзæвгæ- тæн ног формæтæ, ног аивадон мадзæлттæ. Уыцы ’гъда- уæй Нигерæн схонæн ис ирон советон поэзийы ногдзау, уый бирæ фæхъæздыгдæр кодта ирон поэзи алыхуызон поэтикон формæтæй. Ирон поэзийы мидæг æнæрифмæ («урс») æмдзæвгæ, алыхуызон бæрстбæрцытимæ, фыл- дæр у Нигеры номимæ баст. Нигеры æнæрифмæ æмдзæвгæтæ сты аивдзинадæй тыхджын. Рифмæйы хыгъд поэт тыхджындæр кæны æм- дзæвгæйы ритм, дзырдтæн æвзары сæ аивдæр æмæ ахс- джиагдæрты; йæ хъуыды у парахат^æр, æмæ бæрзонд- дæр кæны æмдзæвгæйæн йæ идейондзинад дæр. Фæлæ канд æнæрифмæ æмдзæвгæтæй нæ пайда кæны Нигер. Уый агуры йæ хъуыдытæн ног формæтæ. Ирон зарджы- ты поэтикæ ахуьф кæнгæйæ, уый фæлвары уыцы адæмон зарджыты уагыл æмдзæвгæтæ фыссын. («Ирон зарæг» æмæ æнд.), хæссы ирон поэзимæ ораторон ныхасы фор- мæтæ. («Нæ тæрсын æз», «У фадат аразæг» æмæ æнд.). Нигер рифмæйæн тынг аргъ нæ кæны, фæзыны йæм лæ- ма^гъ рифмæтæ, фæлæ уый иудадзыгон æгъдау нæу. Ни- гермæ ис тыхджын рифмæтæ, арæх пайда кæны омони- мон рифмæтæй дæр, зæгъæм: 126
Хъус-ма, уæртæ комæй Булæмæргъ ныззардзæн. Диссæгтæ йæ комæй Хуры рухсмæ калдзæн. («Худгæ, хъазгæ, райгæ!»). Раст йæ тæккæ раз ис авдæн, — Уым хуыссы, цæра!—дæ фырт; Се ’ппæты кæстæр у авдæн... («Бонтæ бонты фæдыл уайынц»). Багæдзæ кæн! Зонын, Фидын мæ кæй хъæуы; Фæлæ, цæй, нæ хъæуы Чи ратдзæни хæс? («Терчы цур»). Нигерæн йæ поэмæты мидæг цыбыр хъуыдыйæдтæй йæ бон бавæййы æрдзы нывтæ, адæймаджы сурæт, об- рæзтæ равдисын. Цуанон Гуйманы сурæт (портрет) ка- дæджы æвдыст цæуы афтæ: Хызын — йæ фарсыл, Æрчъитæ — къæхтыл, Иæ уæнгтыл — цухъхъа. Сæныкдзарм — худæн. Хъыримаг ифтонг, Æфтыд йæ уæхскыл, Иæ фарсыл — хъама, Лæдзæг йæ къухы. Мæнмæ афтæ кæсы æмæ сурæт (портрет) аразыны хъуыддаджы Нигер хæцы Къостайы традицитыл. Æры- мысын кæны «Всати»-йы, «Чи дæ?»-йы цы сурæттæ æв- дыст цæуы, уыдоны. Æрттивы рухс хур, Тæмæнтæ калы, Иæ тынтæ дардæй Æрвиты зæхмæ. Æрвиты амонд, Æрвиты буц фын... Иæ сæр ысдардта, Каес, зæххæй уæртæ Рæсугъд дидинæг. 127
,Йæхи уый цардмæ Æвдиеы абон, Æмæ йæм цард дæр Тындзы æргомæй. Кæсы уæлвонгæй Фæйнæрдæм бæлас, Сыфтæр фæхæцыд Йæ уæнгты иууыл. Бæрзонд ысбадти Йæ цъуппыл сау цъиу. Уый зары цардæн. Уый уарзы хуры. Фæнды йæ зардмæ Цæрын цæрдуды, Цæрын парахат... Уыцы цардбæллон уалдзыгон æрдзы тых Нигер æв- дисы, Фацбай Бадилаты симдмæ йæхи куы байста æмæ йæ Бадилатæ æбуалгъы мардæй куы амардтой, раст уый хæдразмæ, æмæ уый уæлдай тыхджындæр кæны чиныг- кæсæджы маст. Нигеры поэтикæйы тыххæй ныффыссæн ис сæрмагонд ахуырадон раиртæстытæ. Ныртæккæ та цыбырæй уый зæгъæм, æмæ Нигер кæй уыдис арф идейон, дзырдарæхст курдиатджын поэт.
БАРАХЪТЫ ГИНО Октябры революцийы уылæнтæ кæй æрыхъал кодтой, стыр æхсæнадон партион куыстмæ æмæ литературæйы фронты раззагдæр рæнхъыты кæй æрлæууын кодтой, уы- цы фысджытæй иу у Барахъты Гино. Ссæдзæм азты аив литературæйы цы тох цыдис буржуазон зондахасты ных- мæ, æнæидейонады æмæ алырдæм рацуд-бацуд кæныны ныхмæ, уым зынгæ бынат ахста Барахъты Гино. Комму- нистон партийы амынд фæндагæй иуварс чи ’здæхти, фæллойгæнджыты интерестæ бахъахъхъæнын йæ ахс- джиагдæр нысанæн чи не ’вæрдта, чи раэдыди, уыцы фыс- джыты ныхмæ Гино кодта карз тох; архайдта æрыгон фысджыты раст фæндагыл саразыныл. Гинойæн йæ царды фæндаг æнгом баст у йе ’сфæл- дыстадимæ. Иуæй-иу фысджытæн куыд уыд, афтæ йæ политикон куыст æмæ йе ’сфæлдыстадон архайды ’хсæн ницы дызгъуын, ницы галиудзинад уыди. Фæллой- гæнæг дзыллæйы сæрибардзинады æмæ амондыл тох кæ- нын уыди йæ политикон фæндаджы нысан; сæрибарыл тох æмæ сомбоны рухсдæр цардмæ тындзын уыдысты йæ уацмысты сæйраг мотивтæ. I Гино йæ сабийы бонты бавзæрста царды фыдад. Рай- гуырди 1890 азы Салыгæрдæны мæгуыр бинонты æхсæн. Иæ фыд Текко уыди зæхкусæг — дыргътæм зилæг. Ты- хамæлттæй дардта Текко йæ бинонты, фæлæ йын цæрын нæ бантыст, — амарди, Гино ма хæрз чысыл уыд, афтæ. Фондз чысыл сабийы Къостайы «Сидзæргæсы» хуызæн ныууагъта сæ мады æвджид. Хъомыл кодтой зын фадæт- ты: кæм æххуырсты мыздæй, кæм хæстæджы æххуысæй. Дæсаздзыдæй Гино бацыди Салыгæрдæны скъоламæ, 9 Цард «емж поэзи 120
дыууæ азы бæрц дзы фæцахуыр кодта бæгъыæг, бæгъæв- вадæй, стæй йæ йе ’фсымæр акодта йемæ Тихорецкмæ (йе ’фсымæр уыди æфсæнвæндаджы кусæг). Уым дæр Гино- йы цард нæ фæхуыздæр, йе ’фсымæры чысыл мызд фаг нæ уыди царды фæрæзтæн. Гино йæхæдæг куыд фыссы, афтæмæй сæ аходæн фылдæр хатт уыд айдагъ къæбæр æмæ дон. Фæлæ иу хъуыддагæй фæпайда ис Тихорецкмæ ацыд Гинойæн, уым фæцалх ис уырыссагау дзурыныл, æмæ йын уый феххуыс йæ дарддæры ахуыры фæндагыл. Хъæу- уон скъоламæ нал бацыди Гино ахуыр кæнынмæ; йæхæ- дæг сæхимæ ахуыр кодта, йæ цæст æм дардта ахуыргæ- нæг Дзассохты Уасил, æмæ экзаминтæ сфæразгæйæ, бацыди Æрыдоны семинармæ. Уæрæсейы фыццаг бур- жуазон демократон революцийы уылæнтæ банхъæвзтой Æрыдоны семинары æхгæд дуæрттыл дæр. Семинары ахуыргæнинæгтæ базмæлыдысты, уыдон дæр бамбæрстой фæллойгæнæг адæмы рисс, сдзырдтой сæ бартыл. Ре- волюцийы уддзæф кæй риуы ахъардта, уыцы семина- ристтимæ уыди Барахъты Гино дæр. Активонæй архайдта сусæг æмбырдты, змæстыты. Иæ революцион архайды тыххæй Гино рæстæгмæ цухгонд æрцыдис семинарæй, фæлæ йæ уæддæр фæстаг- мæ каст фæци. Уый уыди 1911 азы. Уый фæстæ Гино дыууæ азы бæрц бакуыста ахуыргæнæгæй Хъæдгæроны скъолайы. Иæ ахуыр æм æгъгъæд нæ касти, æмæ бацы- ди Мæскуыйы Комерцион институтмæ. Иу аз дзы бæргæ сахуыр кодта, фæлæ дарддæр ахуыр кæнын йæ фадæттæ нал амыдтой, æмæ ныууагъта Институт, сыздæхти Ирыс- тонмæ, йæ райгуырæн хъæу Салыгæрдæнмæ, æмæ кодта зæххы куыст. Фыццаг империалистон дунейы хæст райдыдта. Бирæ фæсивæд мобилизацигонд цыдысты æфсадмæ. Гиномæ дæр фæсидтысты. Цыбыр рæстæгмæ каст фæцис æфсæд- дон скъола. Ссис поручик, афтыди фронтмæ, хæцыди Турчы фронты, Эрзерумы районы. Æфсады уæвгæйæ, Гино йæхи сбаста революцион къордтимæ. 1917 азы февралы революцийы фæстæ æрыз- дæхт Цæгат Ирыстонмæ. Уыцы рæстæджы Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ирон адæмы иумæйаг съезды æвзæрст æрцыди Уæлладжыры районæн комиссарæй. 1917—1918 а’зты Гино бацыдис æхсæны куысты: куыста ирон национ советы уæнгæй. 130
Ирон надион советы уæнгтæ сæ зондахастмæ гæсгæ æмхуызон нæ уыдысты: сæ иутæ уыдысты реакцион зон- дахастыл хæст, сæ нысан буржуазон-демократизмæй дарддæр нæ хызти; иннæтæ хъахъхъæдтой фæллойгæнæг адæмы интерестæ, революцион змæлды сæ нысан уыди социалистон æхсæнад саразын. Гино уыд, революшюн тохы фæндагыл чи лæууыд, уыдонæй. Уымæн хорз æвди- сæн у, Гино 1918 азы мартъийы мæйы коммунистон пар- тийы рæнхъытæм кæй бацыди, уый. Ирон национ советы кусгæйæ, Гино æнгом баст уыд Дзæуджыхъæуы горæты большевикон организацитимæ, горæты кусджыты æмæ салдæтты депутатты советимæ. 1918—1920 азты граждайнаг хæсты цæхæрты Гино æнувыдæй æмæ хъæбатырæй тох кодта Деникины æф- сæдты ныхмæ, Уæлладжыры районы хъæуты арæзта пар- тион чыртæ, æмбырд кодта партизанты къордтæ. 1919 азы урсытæ рæстæгмæ куы фæуæлахиз сты, уæд иу къорд æмбалимæ æфцæгыл ахызт æмæ куыста Хуссар Ирысто- ны хъæуты, æмбырд кодта тыхтæ Гуырдзыстоны мень- шевикон хицауады ныхмæ. 1919 азы сентябры, Деникины æфсæдтæ ма Цæгат Ирыстоны уыдысты, афтæ Гино йе ’мбæлттимæ рацыди Хусс’ар Ирыстонæй Цæгат Ирыстонмæ æмæ та, парти- занты отряды сæргъы лæугæйæ, хæцыди Деникины æф- сады ныхмæ. Советон хицаудзинад ногæй куы сфидар ис Цæгат Ирыстоны, уæд Гино куыста бæрнон бынæтты: 1920 — 1921 азты уыд облæсты милицæйы хицау. Уыцы рæстæ- джы милицæйы размæ лæууыди стыр хæстæ: урсытæй ма цы чысыл къордтæ баззади, уыдон хъæдты æмæ кæмтты æмбæхстысты æмæ фæллойгæнæг адæмы стыгъ- той. Уыдон хъуыди куынæг кæнын, æмæ уыцы хъуыдда- джы Гинойæн бантысти бирæ. Гино уыд фыццаг боль- шевикон ирон газет «Кермены» редактор, Алагиры рай- парткомы секретарь, облæсты прокуроры хæдивæг, Цæгат Ирыстоны Наукон-иртасæг институты директор æмæ æндæр æхсæнадон æмæ партион куыстыты. Фæлæ Гино йæ бæрнон æхсæнадон службæйы куысты æмрæнхъ ахсджиагыл нымадта литературон-сфæлдыстадон куыст. Мах бæлвырд нæ дзурдзыстæм Гинойæн йæ партион æмæ æхсæнадон куыстыл. Гино кæддæриддæр æнувыд уыди коммунистон партийы хъуыддагыл, æххæст кодта партийы уынаффæтæ æмæ амындтытæ. Мах бæлвырддæр 131
зæгъдзыстæм Гинойæн йæ литературон-журналистон куысты тыххæй. Ссæдзæм азты тæккæ райдайæнæй фæстæмæ Гино архайдта (Гæдиаты Цомахъ, Коцойты Арсен æмæ æндæр фысджытимæ) ирон советон литературæ сырæзын æмæ стыхджын кæныныл. 1921 азы газет «Керменисты» ал- фамбылай æмбырд кодта фысджыты. Уыцы аз бацæттæ кодта æмæ мыхуыры рауагъта «Ирон зарджыты чиныг». Уыцы чиныджы мыхуыргонд æрцыдысты Къостайы æм- дзæвгæтæй цалдæр, стæй Цомахъы, Нигеры, Бутаты Хъа- зыбеджы, Беджызаты Чермены, Æлборты Барисы æмæ Барахъты Гинойæн йæхи æмдзæвгæтæ. Сæ хъæлæс ма лæмæгъ уыд нæ поэттæн уыцы рæстæджы; уыцы æм- дзæвгæтæ æмæ зарджытæ уыдысты ирон советон поэзи- йы фыццаг фæлварæнтæ, фыццаг къахдзæфтæ. Алчи сæ æвдыста йæ цæстæнгас ивгъуыд æлгъыст дугмæ, цин кодта ног цардыл, сæрибар бонты рухсыл. 1928 азы газет «Рæстдзинады» редактор уæвгæйæ, Гино уадзын байдыдта газетæн уæлæмхасæн — литера- турон фарс «Размæ». «Размæ»-йы се ’мдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ мыхуыр кодтой ирон советон фысджытæ: Цомахъ, Нигер, Гулуты Андрей, Хъамбердиаты Мысост, Боциты Барон, Хъайтыхъты Геор, Мамсыраты Дæбе, Бе- саты Тазе æмæ æндæртæ. Йæ царды фæстаг бонты, йæ трагедион мæлæты онг (1937 аз), Гино уыди æхсæнадон-партион куысты, фыста радзырдтæ, æмдзæвгæтæ, поэмæтæ æмæ критикон уац- мыстæ, тæлмац кодта уырыссаг æвзагæй ирон æвзагмæ, æххуыс кодта æрыгон фысджытæн. II Гино литературæмæ йе ’ргом аздæхта, Æрыдоны се- минары ма куы ахуыр кодта, уæд, фæлæ уыцы рæстæ- джы фыст уацмыстæй ницыуал баззад. йæ уацмыстæ мыхуыры фæзындысты 1917 азы «Ирон газеты», уый фæстæ 1920—1921 азты газет «Кермен»-ы. Уæлдæр йæ кой кæмæн кодтам, «Ирон зарджыты чиныг», зæгъгæ, уым Гинойы æмдзæвгæтæй мыхуыргонд æрцыд цыппар. «Раздзог» — ахæм ном сæвæрдта Гино йæ фыццаг чи- ныгыл. Уый мыхуырæй рацыди 1921 азы. Чиныг арæзт у ирон адæмон æмбисæндтæ æмæ таурæгъты бындурыл. 132
Йæ ас стыр нæу чиныгæн, фæлæ ас æмæ ахадындзинад иу не ’сты. Уыцы рæстæджы ирон советон литературæ цы уавæры уыд, уый нымайгæйæ, чиныгæн йæ ахадындзи- над йæ асæй егъаудæр уыди. Бирæ зонд æмæ хъуыдытæ уыд уыцы чысыл чиныджы. Адæмон цыргъ æвзаг æмæ æмбисæндты юморæй пайда кæнгæйæ, Гино худы хицæн адæймæгты æвзæр митыл æмæ аиппытыл, царды пайда чи нæуал у, ахæм рагон æгъдæуттыл. Уый фæстæ, 1924 азы, Гино рауагъта «Æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ», зæгъгæ, æндæр чиныг. Уыцы чиныгæй Гино мысы Ирыстоны комсомолы ном. Æмæ æцæгдæр, чиныджы ис фæсивæды цард æмæ бæллицтæ чи æвдисы, ахæм уацмыстæ. Гинойы уацмыстæ мыхуыргонд цыды- сты, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны цы газеттæ æмæ жур- налтæ цыди, уым. Барахъты Гинойы сфæлдыстад æнгом баст у фæл- лойгæнæг адæмы цардимæ; сæрибар уарзын æмæ сæри- бармæ тырнын, цардбæллондзинад, ног, сæрибар адæй- маджы царды размæ цы цæлхдуртæ уыд, цы йæ къуы- лымпы кодта экономикон уагæй дæр æмæ моралон уагæй дæр, уыдоны ныхмæ тох кæнын — сты йе ’сфæлдыстады сæйраг мотивтæ. Фæллойгæнæг адæм ма капиталистты æмæ помещик- ты æфсондзы бын куы дзынæзтой, уæд поэты зæрдæ æн- цой нæ зыдта, рысти адæмы риссæй. «Æрцæгъд!», зæгъ- гæ, уыцы æмдзæвгæйы поэт фыста: Æрцæгъд-ма, мæ фæндыр, — Æз дзыллæтæн рагæй Сæ зынтæй нæ арын Мæ удæн æнцой!.. Æфхæрд къул бæрзæйæ, Мæ уды фæлладæй, Мæгуыртæн æз дарын Хæрзадæн æккой. Адон декларацион ныхæстæ не ’сты. Поэт царды цы идеалтыл тох кбдта, уыдоныл йæ поэзийы дæр дзырдта. Поэты лирикон герой æмæ автор кæрæдзийæ нæ хицæн кæнынц, сæ хъуыдытæ сты иу. Поэт йæ лирикон геройы дзыхæй цы хъуыдытæ дзуры, уыдон сты йæхи хъуыдытæ æмæ бæллицтæ. Гино йе ’сфæлдыстадон куыст райдыдта реализмы принциптыл хæцгæйæ. Поэт ивгъуыд цард æвдисы, æцæг куыд уыди, ахæм тар нывты, йæ эпитеттæ æмæ обрæзтæ №
дæр сты тар ахорæнтæй арæзт: «талынг мигъ бадти нæ сæрмæ», «адæмæй, зæххæй уыдыстæм æфхæрд» æмæ æн* дæр ахæм нывтæ дзурæг сты, поэт реализмы фæндагыл кæй лæууыди, уый. Поэт хорз зыдта фæллойгæнæг адæ- мы, уыдонæн сæ къæхтæ нæ цудыдтой, сæ ныфс нæ сас- ти, сæ каст уыди размæ. Æмæ сæ ахæм хуызы æвдыста Гино йæ поэзийы. Нæ райгуырæн бæстæ ма зын уавæры куы уыд, контрреволюцион урс бандæтæ ма ранæй-рæтты æлдари- уæг куы кодтой, уæддæр поэтæн йæ ныфс нæ састи, уы- мæн æмæ: Дард Цæгатырдыгæй барухс нæ зæрдæ, — Дардæй ныл сæмбæлд сæрибары тæф... (Зарæг «Катай-иу кодтой...») Гинойы лирикон геройы уырныдта, фæллойгæнджыты знæгты дуг кæй фæуыдзæни, уый. «Цæгаты Ирмæ», зæгъ- гæ, уыцы æмдзæвгæйы поэт символикон хуызы æвдисы Уæрæсейы революцийы хъару. Адæмы зæрдæты ныфс уадзгæйæ, Гино фыст’а: Кæсут-ма Цæгатмæ, — уым тынг у гæрах! («Цæгаты Ирмæ»). Фæстæдæр, ног советон хур куыддæр йæ был сдард- та, афтæ Гино стыр цин æмæ зæрдæрухсæй фыста:. Кæмтты ’мæ быдырты азæлæд зарæг; Фидар хъæлæстæй ныззарæм æргом. Къæдзæхтæй, хæхтæй нæм нал хъуысдзæн хъарæг, Цардæнцой ралæууæм иумæ æнгом. («Катай-иу кодтой...»). Ссæдзæм азты райдайæны Гино йе ’мдзæвгæты æмæ йæ зарджыты æвдыста ног царды улæфт, ногдзауты æмæ хистæр фæсивæды зæрдæйыуаг, сæ цин, сæ цард- бæллондзинад. Размæ царды рохтæм’ бырсын, ахуы- ры бæрзæндтæм тындзын — уый уыд, В. И. Ленин 1920 азы фæскомцæдисы æртыккаг съезды фæсивæды раз кæй æрæвæрдта, уыцы ахсджиаг хæс, æмæ уыцы хæс сæххæст кæныны охыл Гиио сидтис фæсивæдмæ («Фæсивæды за- рæг», «Ногдзауты зарæг», «Тохы зарæг» æмæ æндæртæ). Иæ размæ цы хæстæ æвæрдта, цы проблемæтæ лыг кодта, уыдонмæ гæсгæ Гинойы сфæлдыстад æмткæй райс- 134
гæйæ уыди актуалон. йæ хъуыды æмæ йæ поэтикон кур- диат цæйбæрц амыдтой, уымæй йæ поэзи дзуапп лæ* вæрдта царды фарстатæн, ^æсивæды домæнтæн. Граждайнаг хæст куы фæци æмæ фæллойгæнæг адæм ног цард аразыныл куы æрлæууыдысты, уæд ма тых- джын уыдис бандитизм; урсытæй ма цы хицæн къордтæ баззад, уыдон, стæй хицæн адæймæгтæ — абырджытæ, къæрныхтæ — стыгътой фæллойгæнæг адæмы. Йæ публицистикон уацмысты дæр æмæ радзырдты дæр Гино æргом кодта давджыты æмæ стигъджыты мо- ралон хæлддзинад, æвдыста, æвзæргæнджытæ фæллой- гæнæг адæймаджы зонд куыд зыгъуыммæ кодтой, уый. «Гæлиаф», зæгъгæ, — иу чысыл радзырды Гино æвдисы, мæгуыр лæг Сабег тыхамæлттæй йæхицæн куыд схаста дыууæ галы, йæ дзыхы комдзаг дæр сын æвгъау нæ код- та. Уыцы дыууæ галы уыдысты йæ ныфс, йе ’скаст. Фæлæ йæ къæрныхты азар басыгъта, йæ галтæ йын адавди, æмæ лæг сæррайау ис йæ фыртыхстæй. Гино агайы чиныгкæсæджы зæрдæ, æвдисы йын, мæ- гуыр фæллойгæнæгæн йæ галты адавд цас зæрдæниз уыд, уый. Йæ риуы зæрдæ кæмæн ис, адæймаджы рисс ма чи æмбары, уый хъуамæ хæца давыны ныхмæ — ахæм ны- сан ис ацы чысыл радзырдæн. Давыны ныхмæ арæзт у «Хуыснæг», зæгъгæ, уыцы чы- сыл радзырд дæр. Фæсивæдæй иуæй-иутæ сæ сахъдзинад æвдыстой давынæй. Фыссæг худы, давын, хуыснæджы цæуын сæрæндзинадыл чи нымадта, уыдоныл. Гино са- рæзта, йæ рæузондæй хуыснæджы чи ацыди, ахæм лæп- пуйы обрæз. Мæгуыр кусæг лæппу Бæрæзджы давынмæ самидин кодтой, давынмæ ацыди æмæ... Фыццагдæр æх- сæвы фæмарди. Гино худы дыдзæсгæмттыл, карьеристтыл. Тох кодта, НЭП-ы рæстæджы искæйы фæллойæ цæрынмæ чи хъа- выди, уыдоны ныхмæ, зæронд цардæй баззайæццæгты ныхмæ (радзырд «Гуыппырсартæ», æмдзæвгæ «Дзæрæх», фельетонтæ æмæ статьятæ). Гино йæ уацмысты æвдыста ног дуджы адæймæгты обрæзтæ (Мæхæмæт, Илас—«Ног зарæг»). Октябры революци фæллойгæнæг дзыллæтæн цы стыр бартæ радта, уыдон знæгтæй хъахъхъæнгæйæ, сæ сæрап- понд бирæтæ сæ цард радтой. «Арæбиаты Гуыргъохъ», зæгъгæ, уыцы радзырды Гино равдыста, адæмы бартæ бахъахъхъæныныл чи тох кодта, ахæм революционеры 135
обрæз. Гуыргъохъ, Сырх Æфсады уæвгæйæ, карз тох кодта урс бандæтимæ. Уæззау цæф фæцис уыцы хæсты æмæ хуыссы рынчындоны, мæлæтмæ æнхъæлмæ кæсгæ- йæ. Гуыргъохъ уыди йæ дуджы раззагдæр адæмтæй. Уы- мæн йæ царды сæйрагдæр нысан — революцийы инте- рестæ бахъахъхъæнын. Уый уыди хъæбатыр адæймаг, уарзон зæрдæйы хицау. Мæлгæ-мæлын дæр нæ рох кæны йæ бинонты, æдзух мысы йе ’рыгон бинойнаджы. Герой йæхæдæг куыд зæгъы, афтæ «уарзон, иу сылгоймагæй бæрзонддæр у æндæр хъуыддаг: фесæфæд фæллойгæн- джыты къухæй æввонгхоры сæр!..» Фæлæ бинонты æхсæн дæр алыхатт æмхуызон не ’мбæрстой уыцы стыр хæс. Гуыргъохъы ус не ’мбæрста, йæ мой стыр хъуыддаджы сæрыл йæ уд мæлæтмæ кæй радта, уый. Ус нымадта æрмæстдæр йæхи уды рисс, йæ уарзон йæ цуры кæй нæй, æмæ йæ зæрдæйы монцтæ суа- дзын йæ бон кæй нæ уыд, пæ тыхсты сæр æрмæст уый уыди, — æмæ йæ лæгмæ фыссы уайдзæфы писмо. Ахæм конфликт ног уыди нæ литературæйы ссæ- дзæм азты. Ног уыди Гуыргъохъы обрæз дæр. Сæрибары мотивтæ тыхджын уыдысты Гиномæ. Фæ- лæ сæрибар æваст искæцæй не ’ргæпп ласдзæн, сæрибар райсыныл тох хъæуы, сæрибар тохгæнджытæй йæхицæн нывондтæ домы. Уыцы проблематикæйыл Гино дзуры йæ уацмысты цалдæр раны: — æмдзæвгæтæ «Мæлæт», «Гыцци» æ. æн. Æмдзæвгæ «Гыцци», зæгъгæ, уым поэт æвдисы фыццагон мæгуыр æмæ удхар царды нывтæ. 1-аг империалистон хæсты фæмарди сидзæргæс Гыццийы хистæр фырт Ахмæт, цæфæй сæхимæ сыздæхти уый кæс- тæр Дæхци, æмæ уый дæр амарди... Граждайнаг хæст куы райдыдта, уæд Гыцци хъазуат лæгау райста топп, радта йæ йæ кæстæр фыртмæ æмæ йын загъта: Цу, хæсты цæугæ! Бонджынты фæцæгъд, Йе ныккæ мæлгæ! (Æмдзæвгæ «Гыцци»). Мад йæ фæстаг хъæбулы бонджынты ныхмæ хæстмæ карй æрвиты, сæрибары сæраппонд йæ фырты цард рат- тыныл разы кæй у, уымæн ис стыр идейон ахадындзи- над, уый у арф революцион хъуыды. Мæгуыр зæронд 136
ус ахæм хъуыдымæ æрцЫд уымæн, æмæ уый йæ царды баййæфта бирæ зынтæ, бирæ æфхæрд; йе рагъыл бав- зæрста социалон, политикон æмæ национ æфхæрд, фед- та бонджынтæ мæгуырты царм куыд стыгътой, уый. Ахæм уавæрты уæвгæйæ сæрибары тæфаг йæ зæрдæйы арф ахъардта. Уый иуæрдыгæй. Иннæрдыгæй та уыцы революцион хъуыды цæттæгонд цыдис адæмы историйы, адæм сæри- барыл цы карз тох кодтой, уыцы тохы. Сæрибармæ тын- дзыны хъуыдытæ хорз зынынц ирон адæмы сфæлдыста- ды: Нарты кадджыты, историон зарджыты, хицæн фыс- джыты уацмысты. Нарт сæ хуыцæуттимæ куы схæцыдысты, сæ сæр, сæ сæрибар хъахъхъæнгæйæ, уæд сæ ныхас уыдис: æнусы æгадæй (æмбарын æй хъæуы — æнусы цагъарæй, æнусы æбарæй) кадимæ амæлын хуыздæр, зæгъгæ. Уый уыди Нарты гуыппырсарты сæрибары «лозунгтæй» иу. «Кæнæ сæрибар, кæнæ мæлæт» — ахæм ныхæстæй равдыстой адæм сæ революцион хъуыды «Харебаты Исахъы зарæ- джы». «Кæуæг айнæг», зæгъгæ, уыцы поэмæйы Къоста фыста: Цæйнæфæлтау туг æмæ хидкалгæйæ, Тыхгæнæгæн цагъартæ уæм — Фæлтау сæрибарæй — мæлæт» («Дæлрæнхъон тæлмац»). Барахъты Гинойы сфæлдыстад арф уидæгтæй баст у ирон адæмон сфæлдыстадимæ. Хетæгкаты Къостайы тра- дицитæ æххæстгæнгæйæ, Гино хорз сахуыр кодта ирон адæмон сфæлдыстад — нарты кадджытæ, историон тау- рæгътæ, легендæтæ, æмбисæндтæ, алыхуызон зарджытæ; фæзмыдта сын сæ хорз миниуджытæ, пайда кодта сæ хъæздыг æвзагæй. Адæмон сфæлдыстады мотивтæм гæс- гæ ныффыста иу къорд уацмысы: кадджытæ «Аздже- риты Куыцыкк» æмæ «Уæлладжыры кадæг», æмдзæвгæ «Чермен», радзырдтæ «Бæсты рæсугъд», «Тауыче», «Ах- хос» æмæ æндæртæ. Ацы уацмыстæ Гинойы сфæлдыста- ды ахсынц зынгæ бынат, уыдон сты фыссæджы цæсгом æххæстдæр чи æвдисы, йе ’сфæлдыстады адæмондзинад ын бæстондæр чи бæрæг кæны, ахæм уацмыстæ. Фыссæ- джы бæллицтæ æмæ фæндиæгтæ фæллойгæнæг адæмы бæллицтæ æмæ фæндиæгтимæ фидар баст кæй сты, уый 137 /
уæлдай хуыздæр зыны адæмон сфæлдыстады мотивтæм гæсгæ кæй ныффыста, уыцы уацмысты. Аив æмæ зæрдæмæдзæугæ фыст у радзырд «Аххос». Автор сарæзта бæлвырд æмæ æххæст обрæзтæ, архай- джыты зæрдыуаг дзæбæх раргом кодта. Радзырды сæйраг архайджытæй иу — Келойты Азæмæт — хæрзконд æмæ номдзыд лæппу. Р1æ фыд уыди паддзахы хицæут- тæм хæстæг лæуд æмæ раст сæ фидæрттæй иуы цур æр- царæзта йæ галуангонд хæдзар, байгом дзы кодта дука- ни. Уыцы стыр исбон баззади Азæмæтæн æмæ, йæ цар- дæй бухъхъ уæвгæйæ, хæты саргъы бæхыл хъæутыл, зилы хъæзтытыл. Бирæ чызджытæ уарзынц Азæмæты. Фæлæ уазал зæрдæ у Азæмæт; рацыд ыл 30 азы, уæддæр ын чызджытæй йæ зæрдæ ничима агайы. Фæстагмæ федта æрдхæрæны чызг чысыл Мисурæты: «Ног гуырд саджы лæппынау гæппытæ кæны кæрты къуымты. Иæ чыр-чыр, йæ худынæй байдзаг вæййы кæрт. Хуссары райдзаст дидинæгау рæзы Мисурæт, нæ зоны хъыг, нæ зоны мæт» — афтæ ныв кæны Мисурæты фыссæг. Баминæвар кодта ацæргæ Ацæмæз Муртанатæм Ми- сурæты тыххæй. Радтой Муртанатæ хæрз æрыгон чызг Мисурæты номдзыд æмæ хъæздыг Азæмæтæн, чызгæн йæ зæрдæ, йæ фæндон цæ базыдтой, афтæмæй; чызг ахуыр кæй кодта гимназы, уый дæр ницæмæ æрдардтой. Æддейæ бакæсгæйæ Азæмæт йæ амонд ссардта. Йæ зæрдæ рухс кодта йæ цардæй, йе ’рыгон усæй. Ницæмæй тыхсти, ницы хъуаг уыд Мисурæт дæр фыццаг бонты. Афтæ зынди, цыма сæ дыууæ дæр сæ амонд ссардтой, æмæ æнцойдзинад æрфысым кодта сæ зæрдæты. Фæлæ æцæгæй афтæ нæ рауади. Се ’хсæн нæ уыди уарзондзи- над. Мисурæты уарзондзинад ма, уалдзыгон бæласы къуыбырау, æхгæд уыди, дидинæджы хъусау йæхи нæма райгом кодта. Уый фæстæдæр бамбæрста, уарзын циу, уый. Мисурæты зæрдæйы ссыгъди уарзондзинады арт, фæлæ уыцы арт ссудзæг Азæмæт нæ — æндæр лæппу уы- ди. Уарзондзинад срухс кодта Мисурæты зæрдæ, батавта йæ уалдзыгон хурау, фæлæ йын амонд не’рхаста. Зæр- дæйы сыгъдæг фæндоны размæ стыр цæлхдуртау æрлæу- уыдысты рагон æгъдæуттæ æмæ йын æвиппайды амынæг кодтой, Мисурæтæн йæ зæрдæмæ цы хуры тын бакаст, уый. Фыдæлтыккон тызмæг æгъдæутты ницæмæ дардтой зæрдæйы бæллицтæ æмæ фæндиæгтæ, уыдонæн «зæрдæ 138
фыды муры йедтæмæ ницы» уыди. Ахæм уавæрты, кæй зæгъын æй хъæуы, Мисурæты фарс ничи рахæцыди, адæ- мы цæсты уый уыди æгъдæуттæ халæг. Фæлæ фыссæг Мисурæты хуызы цы æвзыгъд æмæ цардбæллон сылгой- маджы обрæз сарæзта, уый йæхæдæг дзуры йæ зæрдæйы бартыл, домы æцæг æмæ сыгъдæг уарзондзинад, уый æмбарын кæны чиныгкæсджытæн ахæм цардæй цæрæн нал ис, хъуамæ чызг æмæ лæппу къайæн сæ кæрæдзийы агурой уарзондзинады фæдыл, зæгъгæ. Рæсугъд ахорæнтæй сфæлыста Гино пæ радзырд «Ах- хос». Æрдзы нывтæ, пейзаж æххуыс кæнынц архайджы- ты зæрдыуаг, се ’нкъарæнтæ хуыздæр раргом кæны- нæн. Уый æмæ хатгай æрдзы нывтæ, æрдзы фæзындтытæ фыссæг æвæры адæймаджы æнкъарæнтимæ ныхæй- ныхмæ. «Сатойы зылды нæудзаст былтæ хурмæ хъазынц, фыц- цаджы хуызæн... Рог кæнынц дымгæйæ уæнгтæ... Фæлæ æнкъард у иунæг Азæмæт...» Æрдзы хъæлдзæгдзинад фыссæг æвæры Азæмæты æнкъарддзинады ныхмæ, ахæм контрасты фæрцы иуæй тыхджындæр кæны Азæмæты æнкъарддзинад, аннæмæй та йын æвдисы йæ иуиæгдзинад, æрдзы цин æмæ Азæ- мæты зæрдæ иу кæй не ’сты, уый. Ахæм хуызы æвдыст нæ цæуы Мисурæт. Мисурæты хъæлдзæгдзинад æрдзы хъæлдзæгдзинадимæ иу у. Ми- сурæт рацыди зæрдæхъæлдзæгæй быдырмæ æмæ алы фæзы гæппæлæй хъусын байдыдта цъыс-цъысаджы за- рын. Тынг лыстæгæй хъуыста Мисурæт уыцы зарæгмæ, æмæ дзы кодта йæ зæрдæ хъæлдзæг. Хохырдыгæй ма-иу куы радымдта, уæд та-иу доны хъæр тыхджындæрæй æрбайхъуыст. На æмæ-иу фæсындæгдæр ис дымгæ, уæд- иу фæсабыр ис комы доны сыр-сыр дæр... Уындæй дæр æмæ зæрдæйæ дæр рæсугъд чи уыди, ахæм æрыгон чызджы обрæз сфæлгонц кодта Барахъы- фырт, адæмон легендæйы бындурыл кæй сарæзта, уыцы радзырд «Тауычейы» дæр. «Тауыче — Шахшеваны паддзахы чызг — уацары ба- хаудта зæронд ханмæ. Зæронд хан æрыгон рæсугъд чыз- джы куы федта, уæд йæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыди, æмæ æнцой нал зыдта. Цæмæй Тауыче йæ къухы бафта, уый адыл зæронд хан амардта, чызгимæ цы сылгоймаг уацайрæгтæ уыд, уыдоны. «Фæтæригъд мын кæн, — дзырдта Тауыче ханæн, йæ мæсыгмæ йæм куы баиыди 139
хан, уæд. — Ма мын айс мæ цард! Æз куырд чызг дæн, æз æндæры уарзын. Ды та зæронд дæ... тæрсгæ дæ кæ- нын дæуæй!» Фаелæ зæронд хан, фыссæг куыд зæгъы, афтæ «ферох кодта æгъдау, цæсгом æмæ зæрдæмæдзæу- гæ цы вæййы адæймагмæ, уыдон æппæт дæр». Мисурæт æмæ Тауыче сæ хъысмæтмæ гæсгæ кæрæ- дзимæ хæстæг лæууынц, æрмæст сæ иу йæхи Æргуыда- ны уазал доны хъæбысмæ баппæрста, иннæ та Каспийы денджызы арф хъæбысмæ, фæлæ сæ дыууæ дæр дзырд- той, быцæу кодтой сæ уавæрты ныхмæ, уды цагъардзи- нады ныхмæ. Ам дæр та фыссæг йæ цæстæнгас æвдисы æрдзы ныв- ты фæрцы. Зæронд хан æрыгон рæсугъд чызджы мæсыг- мæ куы цыди, уæд æрдз дæр ныттар и, алцы дæр мæсты хуыз æвдыста. «Ингæнау талынгуыдис æхсæв. Сау мигъ- тæ бамбæрзтой арв. Æнæхъуаджы фыдæнцой уыди Кас- пийы денджыз. Мæсыджы къулы цæф цæфы æй- йæфта. Хъаст кодтой денджызы фæйлауæнтæ. Æхситт кодта дымгæ, уынгæгдзинады хъарæг кæнæгау». Ахæм аив нывтæ тыхджындæр кæнынц чиныгкæсæджы зæрдæйы æнкъарæнтæ, йæ зæрдæйы йын гуырын кæнынц судзгæ маст хантæм, цагъардзинадмæ, рагон царды æгъ- дæуттæм. Радзырд «Тауыче» кæд рагон легендæмæ гæсгæ фыст у, уæддæр йæ идейон ахастæй æнгом баст у абоны цар- димæ. Фыссæг йæ радзырдæн хорз кæрон скодта идейон æгъдауæй дæр æмæ аивадон æгъдауæй дæр. «Хъаст кæнынц... æдзух денджызы фæйлауæнтæ кæ- мæйдæр, цæмæйдæр... Бирæ сагъæстæ, бирæ æмбисæндтæ ис арф æвæрд сæ хуылфы рагон фыдæлты заманæй нырмæ». Фæлæ: «Нал цæуынц ардæм кæрæдзи фæдыл дард бæстæтæй тыхджын, хъæбæрзæрдæ дзыллæтæ, паддзæхтæ, хантæ. Ам нал хастæуы уыдонæн сæ фыдуаг фæндонты охмæ адæймаг-нывæндтæ. Уæрæх быдыр нал у хъазуат дзыллæтæн ривæддон. Нал ис уацайрæгтæ. Æрмæст, бæгъатыр уæйгуытау, сдаргъ сты Каспийы дерджызы былтыл зæххы гуыбынæй дорттæ. Хæдбар, хæдхицау кусджытæ ласынц уыдонæй дзыллæты æмсæр, æмкады уидæгтæн фæрæзхос». 140
Денджызы был быдыртæй хъарджытæ нал хъуысы, уым фосгæстæ зарынц ног, æнахуыр зарджытæ. Ахæм кæрон ис поэмæ «Азджериты Куыцыккæн» дæр, æмæ уый махмæ гæсгæ схемæ, штамп нæу. Поэт кадæг- гæнæджы дзыхæй дзуры: Пырх нал кæны сæ фæллæнттæ лæмæгъдæртæн Тыхджын ызнаг, налат ызнаг. Ам нал ис ныр æлхæд адæм, цагъайрæгтæ, Ам нал ис ныр паддзах бадæн, паддзæхты ’хсар. Æмсæр æмæ æмбарджынæй ам рæзынц ныр Æппæт дзыллæ, æнæхъыгдард, æдæрсгæйæ... Охх, охх, æмгæрттæ! Охх, охх, лæппутæ. Æнæ хъыгдард, æдæрсгæйæ. «Азджериты Куыцыкк» у, куыд загътам, афтæ адæ- мон таурæгъмæ гæсгæ фыст, тыхджын ыл фæзындысты ирон кадæггæнджыты традицитæ — иугæндзон эпитеттæ æмæ абарæнтæ, кадæгмæ хъусджытæм æргом здахын æмæ уыдонмæ дзурын, раздæр ныхас цæуыл цыди, уыцы ахсджиагдæр хъуыды цыбырæй, ногæй дыккаг хатт зæгъ- гæйæ. Мæнæ примертæ: «Охх, охх, æмгæрттæ! Охх, охх, лæппутæ, Фæлтæрд уæнгтæ куыннæ вæййы!..» «Охх, охх, гъеуæ мардзæ, ей, ей, лæппутæ, Куы амæлы хъазуат Куыцыкк!.. Охх, охх, æмгæрттæ! Охх, охх, лæипутæ, Раст зæрдæтæ куыннæ вæййы!» Кæнæ: «Сæрнывæндтæ куыинæ вæййы» æ. а. д. Кадæджы сæйраг архайæг Азджериты Куыцыккхай- джын у, адæмон таурæгъты æмæ кадджыты архайджы- тæм цы миниуджытæ вæййы, уыдонæй: Куыцыкк у хъæ- батыр, ныфсджын, растзæрдæ адæймаг. Азнауырты Бæс- тырæсугъд цы хæстæ æрæвæрдта Куыцыччы раз, уыдон сæххæст* кодта, кæд зын сæххæст кæнæн уыдысты, уæд- дæр. Кæд Куыцыкк «хъæбатырæй-хъæбатырдæр» у, кæд карз тох кæны, уæддæр йæ зæрдæ у фæлмæн, дзаг у адæймаг уарзондзинадæй. Азнауырты чызг ацы кадæджы ахсы стыр бынат. Поэт ын хорз ахорæнтæй сарæзта йæ сурæт. Бæстырæсугъд сси йæ ном, Бæстырæсугъд у фæндырдзæгъдаг. Уый йæ размæ æвæры адæмы фыдцардæй, цагъардзинадæй фер- вæзын кæныны хос. Арабстанæй сæм тыхгæнджытæ цы- 141
дис æмæ сын сæ фос тæлæт кодтой, сæ чызджыты сын уацары хастой. Чызг дзуры: уыцы тыхгæнджыты чи бафхæра, уый мæ мойаг. Фæлæ уый дæр æгъгъæд нæу. «Уæздан» æмæ хъæздыг ханты сылгоймæгтæ схъал сты, нал æрвæссынц иннæтыл, «сау» чызджытыл æмæ хъуамæ уыдон дæр æфхæрд æрцæуой. Стæй -уый дæр æгъгъæд нæу. Бæсты рæсугъды ахæм хъæбатыр хъæуы, йæ арф æмæ уæззау цæфтæй хъæрзгæ чи не ’скæна, «охх» чи нæ зæгъа. Ахæм хъæбатыр разынди чысыл Куыцыкк. Уый нæ судзаг цæфтæй хъæрзгæ не ’скодта, фæлæ хъæбатыры мардæй амард. Бамбæрста чызг, æгæр карз кæй разынд пæ тæрхоны, йæхæдæг кæй уыди чысыл Куыцыччы ма- рæг, æмæ йæхицæн цард нал саккаг кодта, йæхи амардта. Лæппу æмæ чызджы æвзонг зæрдæтæ æнæкæрæдзи цæрын куынæ фæфæразынц, ахæм арф уарзондзинад, англисаг номдзыд фыссæг Шекспиры геройтæ, Ромео æмæ Джулеттæйы стыр æмæ сыгъдæг уарзондзинады хуызæн, мах уынæм Барахъты Гинойы иинæ стыр поэмæ «Уæлладжыры кадæг», зæгъгæ, уым дæр. Матæрсайы уарзон, куырдуаты бадæг чызг, йæхи амардта, йæ уар- зон æм афæдзы бонмæ куынэе фæзынди, уæд. Матæрса дæр йæхи амардта æмæ сæ баныгæдтой иу ингæны. Фæ- лæ ацы кадæгæн уарзондзинад йæ сæйраг мотив нæу. Сæнраг мотив у Уæлладжыры фæллойгæнæг адæмы тох Бадилаты тыхгæнджыты ныхмæ. Адæм стырæй-чысылæп, сылгоймагæй-нæлгоймагæй бахъуаджы сахат карз тох самадтой лæбурæг тыхгæнджыты ныхмæ, æлдариуæггæ- нæг Бадилаты ныхмæ æмæ сыл фæуæлахиз сты. Поэтæн бантысти дзæбæх нывтæ сфæлындын, хицæн адæймæгты хъæбатырдзинад равдисын. Поэмæйы иуæй-иу сыфтæ фесæфтысты, æмæ уымæ гæсгæ зын у, поэмæйы бæсто- нæй равзарын, фæлæ, æмтгæй зæгъгæйæ, поэт раст æв- дисы, адæм се ’фхæрджытæм, тыхгæнджытæм цы фыдæ- хы зæрдæ дардтой, сæ ныхмæ куыд тох кодтой, уый. Æнæсахъат, æнæрæдыд не ’сты Гинойы эпикон кад- джытæ «Азджериты Куьщыкк» æмæ «Уæлладжыры ка- дæг». Дыууæ поэмæйы дæр социалон æмæ кълассон ахастдзинæдтæ фæбæлвырддæр хъуаг сты. Бæстырæсугъд дзуры мæгуырты сæрыл, тыхгæнджыты ныхмæ, фæлæ йæхи «социалон» цæсгом бæрæг нæу поэмæйы. Аивадон æгъдауæй дæр дзы ис хицæн лæмæгъ бынæттæ. Фæлæ уæДдæр уыцы эпикон поэмæтæн сæ ахадындзинад у егъау, æмæ аккаг бынат ахсынц нæ литературæйы. 142
Гиномæ ис, йæ фæлмæн юмор зæрдæйы арф кæмæн хизы, ахæм радзырдтæ («Бибол», «Фыррый», «Нот», «Ху- ры тын» æмæ æнд. Ис æм романтикон ахаст кæмæн ис, ахæм радзырдтæ («Цæр!» æмæ æнд.); ис æм дзæбæх зæрдæмæдзæугæ радзырдтæ сывæллæттæн. Рæсугъд æмæ æнцон æмбарæн æвзагæй фыссæг æвдисы сывæллæтты цардæй хицæн эпизодтæ, хицæн цаутæ. Дыууæ чысыл сидзæр сабийы хæлардзинад хорз æвдыст цæуы «Æм- бæлттæ», зæгъгæ, уыцы радзырды; сырдты æмæ фосы тыххæй Гино дзуры иу къорд радзырды («Арс æмæ хуы- тæ», «Минтæ», «Хъулон», «Хæтæгбарæг» æмæ æнд.). Гиномæ ис æндæр æвзагæй кæй ратæлмац кодта, ахæм радзырдтæ æмæ æмдзæвгæтæ дæр. Гино у, «Интерна- ционал» фыццагдæр чи ратæлмац кодта ирон æвзагмæ, уыдонæй иу. Гино раивта Пушкинæй, Лермонтовæй, Хе- тæгкаты Къостайæ, Скиталецæй хицæн æмдзæвгæтæ. Ирон æвзагмæ ратæлмац кодта радзырдтæ (В. Гю- гойæ, М. Горькийæ). Гино уыдис литературон критик дæр, йæ критикон уацмыстæ мыхуыргонд цыдысты фылдæр «Размæ»-йы. Гино амыдта ирон фысджыты æмæ поэтты идейон рæ- дыдтæ, æнкъарддзинады мотивтæ-иу кæмæ фæзынд, уы- мæн уайдзæф кодта. Гинойы иуæй-иу критикон уацмыс- тæм хæццæ кæны РАПП-ы (Уæрæсейы пролетарон фыс- джыты Ассоциацийы) тæваг, цух не ’сты социологизмы тæвагæй дæр æмæ, чи зоны, ныртæккæ сæ ахадындзинад уыйбæрц стыр нал уыдзæни, фæлæ сæ рæстæджы æххуыс кодтой фысджытæн, ирон литературæ арæзтой раст фæн- дагыл. Гино йæ хъус тынг дардта ирон музыкæмæ. Уый ныф- фыста дыууæ дуэты — «Ус æмæ лæг», «Чызг æмæ лæппу» æмæ сын йæхæдæг сарæзта музыкæ дæр. Гинойы фыст у, «Чызгайы зарæг», зæгъгæ, адæмы ’хсæн хъуыстгонд чи уыд, уыцы зарæджы музыкæ. Гино музыкæ арф кæй æмбæрста, уый зыны йæ про- заикон æмæ поэтикон уацмыстæй дæр. «Бæстырæсугъд», зæгъгæ, Гинойы чысьц радзырд чи бакæса, уый бамбардзæн зарæджы стыр тых. Ацы ра- дзырды фыссæг сфæлыста, Ацæмæзау, йæ зарæгæй бæс- тæ æмæ зæрдæтæ чи сæтты, ахæм адæймаджы обрæз. Радзырды сюжет цыбырæй афтæ у: Бæстырæсугъдмæ алырдыгæй курджытæ цыди, фæлæ^ никæмæн куымдта. Иæ бинонтæ йын агуырдтой, хъæздыг æмæ уæздан мыг- 143
гагæй чи уа, ахæм лæг. Фæзынди рæсугъдмæ Уæлладжы- рон усгур лæппу дæр, фыдконд, фыдцъылыс Афæхъо. Чызджы бинонтæй йæм ничи ракасти. Каестæр æххуырст æй уазæгдонмæ бакодта. Уыцы рæстæг фысымтæ буц кодтой æлдары фырты... «Фæлæ Афæхъо фæндыр райста æмæ æмбисæндтæ æвдыста йæ диссаджы зарджытæй. Цыма-иу сæдæ алыхуызон хъæлæсы баиу сты, адард сты, æрзылдысты-иу дæрдты, къуымты, быдырты, хæхтыл. Куы-иу адард сты хъæлæстæ, уæд-иу фæсындæгдæр ис сæ тых. Куы-иу разылдысты фæстæмæ, уæд та-иу тых- джынæй-тыхджындæр райдыдтой хъуысын. Бæрæг уыдис, дымгæ дæр радав-бадав куыд кодта, куыд сæ-иу фæмы- нæг кодта рæстæггай». Æрæмбырд сты сыхбæстæ чысылæй-стырæй зардмæ. Æлдары фырт иунæгæй бадгæйæ баззади æмæ фæстаг- мæ алыгъди йæ хæдзармæ. Афæхъойы зардмæ рацыди Бæстырæсугъд дæр. Удæгас адæймагау райдыдта фæн- дыр дзурын. Мæгуыр фæллойгæнæг йæ диссаджы фæн- дырдзагъдæй басаста чызджы зæрдæ, фæуæлахиз ис æлдары фыртыл. Ирон адæмы сфæлдыстады фæндырдзæгъдæджы об- рæз ахсы стыр бынат. Зардæн æмæ фæндырдзагъдæн нарты кадджытæй нæй ахицæн кæнæн, уымæн æмæ уæд уыдон нал уыдзысты нарты кадджытæ, се ’стыр поэти- кон тых ахаудзæни, нал сæм уыдзæн, адæймаджы зæрдæ чи агайы, уыцы æвидигæ дзæбæхдзинад. Къоста æмбæрс- та адæмон зард æмæ цагъды стыр хъару, поэзийы стыр тых. Къостайы фæзмгæйæ, Барахъты Гино дæр иу къорд уацмысы ныв кæны адæмон фæндырдзæгъдæджы обрæз. «Мæлæт», зæгъгæ, иу цыбыр кадæджы Гино сфæлы- ста мæгуыр куырм фæндырдзæгъдæг Дзæрæхы фæлгонц. Дзæрæх афтæ бауарзта фæндырæй цæгъдын, æмæ фæн- дырæн йæ зæрдæйæ ахицæн кæнæн нал уыдис. Дзæрæхы фырт рахъомыл æмæ йæ фыды цæгъдын нал уагъта. Иухатт ын ныхасы йæ фæндыр йæ къухæй райста, æмæ уæд: Фæндыримæ зæрдæ аскъуыд, — Цардæй ахицæн Дзæрæх. Ацы дыууæ рæнхъы поэт бавæрдта арф хъуыды. Куырм Дзæрæхæн фæндыр ссис йæ хуыздæр æмбал, йæ зæрдæйы ахсджиаг фæндтæ йын чи æвдыста, адæмæн æй чи бауарзын кодта. Дзæрæхæн фæндыр ссис йæ буары 144
хай, йæ зæрдæйы къæртт æмæ йын æнæ уыцы фæндыр цард нæ агуырдта. Поэт цы хуызæн хъуамæ уа, цавæр миниуджытыл хæст уа, уыцы фæрстытæ Гино æвæрдта йæ размæ æмæ сын дзуапп лæвæрдта. Гино сарæзта лирикон поэты обрæз, уыцы поэт рацы- ди революцион тохы фæндагыл, йæ сабийы рæстæг бав- зæрста фыдæбæттæ, зын: Базыдта, бамбæрста адæмы хъæр: Зоны, куыд батыхсы мæгуыр йæ зынæй, — Адæмы тухийæ байдзаг йæ сæр (Æмдзæвгæ «Уый») Цалынмæ бонджынтæ саст æрцыдысты, æмæ адæм ног цард аразын райдыдтой, уæдмæ йæ маст не ’рцыди, хæцыди, тох кодта. Стæй поэт æрцарæзта йæ фæндыр æмæ райдыдта йæ зарджытæ кæнын. «Хæсгæ», зæгъгæ, уым дæр Гино дзуры поэты мисси- йы, поэты нысаниу&джы тыххæй. Ацы æмдзæвгæйы поэ- тикон бæх у æвзыгъд æмæ ныфсджын, размæ згъоры йæхи фæндæгтыл: Уый бирæгъау сонт у, фæллайын нæ зоны, Уый рогæн йæ æргъом хæссы; Уый уады тыхджынæн ыздахын нæ комы, Уый коммæ нæ сахуыр кæсын. Поэт дзуры йæ бæхмæ, цæмæй йæ рогдæр хæсса раз- мæ, цæргæс кæм хъазы, уыцы бæрзæндтæм, хохы цъуп- пытæм. Поэт ницæмæй тæрсы йæ балцы фæндагыл, тыр- ны размæ, царды арфмæ. Талынг, æфхæрд цардæй рухс æмæ райдзаст цардмæ—уый у Гинойы бæллиц, йе ’сфæл- дыстады фæндаг. Гино æмбæрста, поэты фæндаг дæрзæг кæй у, тохы фæндаг кæй у. Уый хорз æнкъардта, йæ талынджы цар- дæй чи райхъал ис æмæ зындонæй чи фервæзтис, ног цард аразыныл чи æрлæууыди, уыцы фæллойгæнæг адæ- мы зæрдæ; æвдыста сын ивгъуыд царды фыдæхтæ æмæ бæллæхтæ, цæмæй сæ абоны сæрибары цард арфдæр уарзой; амыдта сын ивгъуыд цардæй баззайæггæгты ныхмæ тох кæнын, фæллойгæнæджы уарзын, рæстæй кусын, сылгоймаджы сыгъдæг уарзондзинадæн аргъ кæ- нын, коммунистон æгъдæуттыл хæцын. 10 Цард æм« поэзн 145
ЗЫНГЗÆРДÆ ПОЭТ I Диссаг уыди Хъамбердиаты Мысост. Иутæ йæ арвы ферттывдимæ абарынц, иннæтæ хæххон рæсугъд диди- нæгимæ, аннæтæ... Цæмæн хъæуы æппæт абарæнтæ æмæ эпитеттыл дзурын... Арвы ферттывд дæр æм цæуы, йæ цыбыр царды цы æрвон ирд поэтикон уацмыстæ ныф- фыста, уыдонмæ гæсгæ; дидинæг дæр æм цæуы, йæ поэ- зийы сыгъдæг аромат æмæ рæсугъд ахорæнтæм гæсгæ. Æцæг диссаг уыд Мысост. Иухатт æй чи федтаид, уымæй нал ферох уыдаиккой йе ’стыр сау цæстыты æви- дигæ тæмæн, йæ аив сдзырд, йæ аив фæзылд. «Дядя Ваня», зæгъгæ, А. П. Чеховы пьесæйы Астров афтæ зæ- гъы: «Адæймагæн хъуамæ рæсугъд уой йæ цæсгом дæр, йæ дарæс дæр, йæ зæрдæ дæр, йæ хъуыдытæ дæр». Афтæ мæм кæсы, цыма ацы дзырдтæ Мысосты тыххæй загъд уыдысты. Рæсугъд — йæ конд, йæ уынд, йæ цæсгом, аив — йæ дарæс, аив йæ дзыхы дзырд, йæ фæзылд. Ахæм уыд Мысост. Бирæ хорз ныхæстæ зæгъæн ис, Мысосты мысгæйæ, фæлæ ныртæккæ ныхас æндæр хуызы цæуы. Иæ цыбыр царды бирæ бантысти Мысостæн. Ирон поэзимæ бахаста æвзонг хъæлæсы æнусон азæлд, хуры тынтæй нывæст ахорæнтæ. Ирон советон литературæйы дыргъдоны цы бæлæстæ ныссагъта, уыдон бæрæг дарынц; сæ дидинæг — цæхæр, сæ дыргъ — хæрзад, цæст сæ не ’фсæды, зæрдæ сæ райы. Диссаг уыд Мысост. Ирон литературæйы сæууоп стъалы... Йæ зыланггæнаг æмдзæвгæтæй фæсивæды зæр- дæмæ бахаста цин æмæ рухс. «Мæ зæрдæ мæм афтæ дзу- ры, æмæ Ирыстоны хæхтæ советон дуджы Мысосты за- рæгæй аивдæр ирон зарæг нæма фехъуыстой», — афтæ фыста поэт Нигер Хъамбердиаты Мысосты тыххæй. Уый гиперболон фразæ нæу, уый у уырнинаг ныхас. Хъамбердиаты Бимболаты фырт Мысост райгуырди 146
Кæрдзыны хъæуы 1909 азы, майы 27-æм бон (зæронд нымадæй). Скъоламæ бацæуьшы агъоммæ йæ ныййар- джытимæ афтыди Донбасмæ æмæ дзы фæци цалдæр азы, йæ цæрæн бынат иу цалдæр ранмæ аивгæйæ. Махмæ гæс- гæ уырыссаг æвзагыл дæр афтæ хорз уыцы царды уа- вæрты фæцалх ис. 1915 азы Хъамбердиатæ фæстæмæ раздæхтысты Цæ- гат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты сæ райгуырæн хъæу Кæрдзыны. Уым Мысост бацыд хъæууон райдайæн скъо- ламæ. Уый фæстæ ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы дæр, Мæздæджы дæр, Æрыдоны дæр, фæлæ фылдæр рæстæг арвыста йæ райгуырæн хъæуы. Чысыл цæхæрцæст цæр- дæг сывæллон-иу ас фæсивæдимæ бæхтæ хизынмæ ласта, баззадис-иу быдыры æхсæвыгæтты. Æвæццæгæн, уæд ныххызтысты йæ саби зæрдæмæ æрдзы нывтæ, фæстæ- дæр афтæ рæсугъд кæй равдыста иу къорд æмдзæв- гæйы, уыдон: Рухс бонмæ кæсгæ Изæр фæтæхы. Æхсæв фæлгæсгæ, Ыссыд йæ бæхыл. Уый конд у тарæй, Иæ цæст ыстъалы, Æдзухдæр арвæй Цæхæртæ калы... («Æхсæвæттæ») Æвæццæгæн-иу уым, быдыры уæвгæйæ, уыдта арвы «хæзнатæ»: Æмæ Къулы Тулы Мæй. Уый дын къулы Иунæг Нæу: Чидæр байтыдта æрмæй Мæйы алыварс Мæнæу. («Арвы хæзна») Æз федтон Мысосты ацы æмдзæвгæ кæсгæ. Мæ зæр- дыл ма лæууы абоны хуызæн. Хъуыстой йæм: Фæрниаты Къоста, Кодзырты Габло, Хуытъинаты Цыппу, æз æмæ 147
ма не ’мбæлттæй чидæртæ. Уый уыди газет «Æвзонг тых»-ы редакцийы. Æз æмæ Цыппу уыдыстæм редакци- йы, Мысост уырдæм куы бацыд, уæд. Æз зыдтон Мысос- ты, кастæн ын йе ’мдзæвгæтæ, фæлæ йæ дзургæ, æмдзæв- гæтæ кæсгæ никуы федтон, никуы фехъуыстон. Мæнмæ^ диссаг фæкаст Мысосты уæндондзинад, йæ ныфс. ’Мы- состы æрбацыдæй редакцийы фæзынд цыдæр хъæлдзæг-, дзинад, чи дзы уыд, уыдон базмæлыдысты, ныхас сын ацайдагъ. Æвæццæгæн-иу уымæй размæ дæр каст Мы- сост йе ’мдзæвгæтæ редакцийы кусджытæн... Гæххæтты сыфыл хæцыд йæ галиу къухæй, фæлæ йæм кæсгæ нæ кодта, йе ’мдзæвгæ зыдта, æнæгæххæттæй. «Æмæ къулы тулы мæй», — зæгъгæ, ацы дзырдтæм куы ’рхæццæ, уæд йæ рæсугъд стыр цæстытæ хæрдмæ систа, цыма мæймæ касти, йæ рахиз къух бæрзонд систа, цыма мæймæ амыдта, афтæ. Æз уымæй размæ никуы-ма фед- тон æмæ никуы фехъуыстон ирон æвзагыл æмдзæвгæтæ афтæ рæсугъд, афтæ аив кæсгæ. Иуыл хъустæ фестадтæн, мæ улæфт нал цыд, афтæмæй хъуыстон. Æвæццæгæн ин- нæ хъусджытæ дæр уыдысты уыцы уавæры... Канд ацы æмдзæвгæты не ’вдисы Мысост ахæм ныв- тæ. Райгуырæн бæстæ, хъæууон царды нывтæ зынынц йæ бирæ æмдзæвгæты. 1923 азы, цыппæрдæсаздзыдæй, Мысост бацыд Ком- мунистон фæсивæды цæдисы рæнхъытæм, æмæ уæдæй фæстæмæ йæ алы къахдзæф дæр æмæ йæ алы фæзынд дæр баст уыдысты фæскомцæдисимæ, коммунистон пар- тиимæ. Мæ фæндаг куы ’вдисон, — У барвæндæй ист. Кæцон дæ? — Цæдисон. Дæ ном? — Коммунист. Афтæ бæрæг кæны Мысост йæ фæидаг, йæ зæрды- уаг. Цæдисон куы ссис, уæдæй фæстæмæ йæ куыст уыд фæсивæдимæ, пионертимæ æмæ скъоладзаутимæ, уыдон- мæ здæхта Мысост фылдæр йе ’взонг хъæлæс; уыдонæн лæвæрдта йæ «фæндыр — зæрдæйы райæн», уыдонæн ак- каг кодта «цардæй дзæбæхдæр хай», уыдонимæ уарзта «цыбыр хæлафы хъазынмæ уайын». Мысостæн йе ’хсæна- дон куыст дæр уыди фылдæр фæсивæдимæ. Куыста Кæрдзыны хъæуы кæсæндоны хицауæй, фæскомцæдисы 48
чыры секретарæй, фæстæдæр та, Дзæуджыхъæумæ рафтгæйæ, горæты куыстуæтты пионерты балтæн раз- дзæуæгæй, стæй та, 1926— 1927 азты, Цæгат Ирыстоны Фæскомцæдисы Обкомы сывæллæтты бюройы секрета- рæй. 1927 азы Мысост ацыд Мæскуымæ ахуыр кæнынмæ æмæ иу къорд боны фæстæ ист æрцыд Аивадон рабфачы литературон хайадмæ. Мæскуыйы ахуыр кæнгæйæ дæр, Мысост куыста пионертæн æмæ скъоладзаутæн разамо- нæгæй. Мысост æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта Мæскуымæ ацæуыны агъоммæ. Иæ зыланггæнаг æмдзæвгæтæ мы- хуыргонд цыдысты «Ногдзауты газеты», «Рæстдзинады» æмæ хицæн чингуыты. Рæзгæ æрыгон поэт бирæ домдта йæхицæй. Критикон цæстæй касти йæ фыстытæм, архайд- та йæ поэтикон культурæ бæрзонддæр кæныныл. «Ногæй кастæн ме ’мдзæвгæтæ, мæ хъуыды æмбæхсын мæ бон нæу: ницæййаг æмдзæвгæтæ. Ау, дзæгъæлы сты иуыл?» — афтæ фыста Мысост йæ боныджы, Мæскуыйы уæвгæйæ. Фæлæ Мæскуыйы, йæхи ныхасмæ гæсгæ — «цæхæрджын сахары» Мысост ссардта бирæ тых æмæ бирæ ныфс йæ фидæны фæндырæн. Мæскуыйаг поэттимæ хæстæгдæр базонгæ, кæрæдзийæн кастысты се ’мдзæвгæ- тæ, арæзтой литературон изæртæ. Мæскуыйы ныффыста иронау æмæ уырыссагау бирæ æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ. Мыхуыр сæ кодта мæскуыйаг журналты: «Пионер»-ы, «Молодая гвардия»-йы, «Юнг-штурм»-ы. Афтæ зæгъæн ис æмæ Мысост йæ хуыздæр æмдзæв- гæты фылдæр хай, уæлдайдæр йæ уырыссаг æмдзæвгæ- тæ, ныффыста, Мæскуыйы куы ахуыр кодта, уыцы азты. 1930 азы Хъамбердиаты Мысост каст фæцис аивадон рабфак æмæ ссыди Дзæуджыхъæумæ. Уыцы аз, 18-æм майы кусын райдыдта газет «Власть труда»-йы литера- турон хайады сæргълæууæгæй. Бирæ ныфсытæ æвæрдта йæхицæн Мысост, бирæ уынаффæтæ кодта йæ дарддæры литературон куыстæн, фæлæ йæ æбуалгъ рæуджыты низ нал бауагъта йе ’стыр хъуыдытæ равдисын... 1931 азы 5-æм декабры банцад Мысосты цардмондаг зæрдæ йæ цæвынæй... II Мысосты зарджытæ райгуырдысты Октябры хуры тынтæй, советон царды цины гуылфæнтæй. Октябры хур 149
кæй æртавта, уыцы фæллойгæнæг адæмы цин æмæ бæл- лицтæ уыдысты Мысосты цин æмæ бæллицтæ; ног за- манмæ йе ’ргом чи аздæхта, «хуры цæхæрæхсыст» йæ сæрмæ кæмæн хъазы, уыцы фæсивæд, ногдзаутæ æмæ скъоладзаутæ уыдысты Мысосты æмдзæвгæты мидис, йæ поэзийы æвидигæ суадон. Иу миниуæг ис Мысостмæ йе ’сфæлдыстады тæккæ райдайæнæй фæстæмæ: йæ зарджытæ, йæ уадындзы хъæ- лæс бæтты ног царды цинимæ, Октябры хуримæ. Йе ’сфæлдыстадон фæндаг бæрæг кæнгæйæ, Мысост сидти, зарынмæ уадындз чи райста, уыдонмæ: Цомут, уадындзты хъæлæстæй Кусæг адæммæ æрсидæм! Хъæлдзæг базмæлыд нæ бæстæ, Цард дзы ’нхъæвзы ’мæ æхсиды. («Сидт») Ам ис дыууæ ахсджиаг хъуыддаджы: иу уый æмæ поэт йæ уадындзæй сиды кусæг адæммæ; иннæмæй та уадындзы сидæг хъæлæс æнæскъуынгæ тæгтæй баст у царды цинимæ, нæ бæстæ хъæлдзæг кæй базмæлыди, уыимæ. Адæмы цин æвдисын æмæ фæллойгæнджытæм царды ад ссарынмæ сидын — уыдон иу сты Мысосты поэзийы. Поэт йæхи, йæ зарæг адæмæн нывондæн куы фæхæс- сы, ахæм мотивтæ бирæ ис ирон поэттæм: Къостамæ, Нигермæ, Гулуты Андреймæ. Уыцы мотив уынæм Хъам- бердиаты Мысостмæ дæр, фæлæ кæд Къоста йæ дуджы сау мылазон цард æвдисгæйæ, зарыди кæуынхъæлæсæй, кæд йæ зарæг кæуынау зынд, уæд Мысост та советон царды нывтæ æвдисгæйæ, зары хъæлдзæг хъæлæсæй. Уый йæ тых, йæ хъару дæтты ног цард аразджытæн: Царды зиууæттæн хæларæй Баст мæ цард æмæ мæ зард, — зæгъы поэт «Уарзын», зæгъгæ, йе ’мдзæвгæйы. Ахæм хъуыдытæ ис Мысостæн йе ’ннæ æмдзæвгæты дæр: Дæуæн, мæ Ирыстон, мæ цард Мæ амæлæтмæ баст. Й)
Æрмæст дæуæм, фæллойгæнæг, Мæ сидт æмæ мæ дзырд, («Фæдисы зарæг») Дæуæн кæнын Мæ ризгæ зард, Дæуæн бæттын Мæ рæзгæ цард. Зæххыл æртав Дæ хъæстæтæ, Дæ цин æрдав Нæ бæстæтæм. («Хурмæ курдиат») Мысост нæ уарзы æнкъард зарджытæ, уымæн æмæ уыдон не ’сты йæ дуджы нысан, уыдон зæронд заманимæ ацыдысты, поэт та размæ кæсы, бæллы æмæ цæуы хур- мæ, коммунизмы рухсмæ. Уымæн æвдисæн у йе’ппæт сфæлдыстад, йæ поэзи. Мысосты лирикон геройтæй иу зæгъы: Номдзыд рагбон мæм Кадау нал кæсы, Ивгъуыд афонтæ Зæрдæ нал мысы. Рацу, ног заман, Къух дæм бауыгътон, Æз мæ сау хъама Къулыл сауыгътон. («Хъама») Ног замантæм чи тындзы, размæ хуры рухсмæ чи цæ- уы, уый у нæ поэты идеал, Мысосты уарзон герой, æмæ уыцы герой иунæг нæу, уыдон бирæ сты æмæ æвдисынц Мысосты поэзийы цæсгом, уыдон Мысосты поэзи кæнынц хурæнгæс. Рагæй нырмæ хур поэтты сфæлдыстады у сæрибар æмæ рухс фидæны нысан, амонд æмæ рухс тауæджы сим- вол, поэттæ йыл фыстой райгæ уацмыстæ. Æрымысæм ма А. С. Пушкины ныхæстæ: Да здравствуют музы, да здравствует разум! Ты, солнце святое, гори! Да здравствует солнце, да скроется тьма! 151
В. В. Маяковский дæр хуры рухстау-обрæз иттæг тыхджынæй равдыста йе ’мдзæвгæ «Диссаджы хабар», зæгъгæ, уым. Мысосты поэзийы хуры обрæз, хуры фæлгонц ахсы стыр бынат. Хур у нæ сæрибар царды нысан, нæ рухс фидæн, коммунизмы символ. Хур ссис Мысостæн поэти- кон идеал. Дæумæ бæллын, Сызгъæрин хур, Дæумæ цæуын Мæ амондгур, — афтæ зæгъы Мысост йе ’мдзæвгæйы («Хурмæ курдиат»). Поэзийы бæрзæндтæ дæр Мысост бæтты коммунизмы рухс хуримæ. Уымæ гæсгæ тох кодта поэт, хур аныгуыл- дзæи æмæ цард фæуыдзæн, зæгъгæ, чи дзырдта, уыдоны ныхмæ (æмдзæвгæ «Поэтæн»). Мысосты философи цар- ды фæудыл нæ уыди, Мысост хъуыды кодта царды фи- дæныл. Мысост хорз æмбæрста, хурзæрин ныры заманы рæсугъддæр кæй у, æмæ адæмы фæлтæртæ царды рохтæ сæ къухтыл кæй тухынц. Поэт цардмæ иу боны зынты цæстæй нæ касти, нæ уарзта бонты къахдзæфæй барын. Бирæ адæм ис Нæ фæстæ — Бонтæ къахдзæфæй цы барæм! — зæгъы поэт, æмæ йе ’мдзæвгæ фæци ахæм æмбисонды ныхæстæй: Ды нæ царды фæудæн зарыс! Нæ, фæлæуу, фæлæуу, ныууадз æй, Æз мæхи æндæрыл хъарын: Хурмæ асинтæ куырдадзæй! («Поэтæн») Ацы æмдзæвгæйы хорз зынынц Мысосты политикон æмæ поэтикон идеалтæ, бæллицтæ, уыдон сты иу, уыдо- нæн хицæн кæнæн нæй, уыцы бæллицты гуырынгæнæг маяк та у коммунизм. Абоны хур чи уарзы, коммунизмы рухсмæ чи тындзы 152
йæ хъуыдыты, уыцы поэтæн ивгъуыд царды бæллицца- гæй ницы ис, уымæн — «фыццаджы цард», саудалынг, мæйдары фыд-знон». Поэт уыдта, хъæутæ сæ хуыз куыд аивтой, куыд дзы æвзæрд скъолатæ æмæ рынчындæттæ. Мысост уыцы ног- дзинæдтæ æвдыста конкретон обрæзты. «Ног хъæу», зæгъгæ, йе ’мдзæвгæйы поэт зæрдæрайгæйæ фыссы: Ног ыскъола арæзт (Хъæубæсты фæндон). Даргъ фæндаг фæдары Р1æ чъылдымты дон. Ноджы ма, — нæ уыныс? — Рынчындон. йæ уаг: Дæсныты фыдбылыз, Моллоты ызнаг. Ныртæккæ Ирыстоны хъæуты сарæх сты скъолатæ æмæ рынчындæттæ æмæ нæм диссаг нал кæсынц, фæлæ ссæдзæм азты райдайæны уыдон уыдысты ахсджиаг хъуыддаг. Карз тох кæнын хъуыд тугцъирты, моллоты, сауджынты æмæ дæсныты ныхмæ, æмæ уыцы хъуыдда- джы скъолаты æмæ рынчындæтты ахадын бирæ уыд. Ног цард аразгæйæ, тох кæнын хъуыди цардхалджы- ты ныхмæ. Тугцъирæй, Сауджынæй, Моллойæ, Рагæй дæр чи царди Махæн нæ фæллойæ, Нал тавы абон уæ хур, Фехæлд уæ фидар бындур! — фыста Мысост «Ног æфсад», зæгъгæ, уьщы æмдзæвгæйы. Ацы æмдзæвгæйы хорз зыны ссæдзæм азты тохы па- фос, тугцъирты дуг кæй фæци, æмæ кусæг лæджы дуг кæй ралæууыд. Сæ хъуыдымæ гæсгæ дæр æмæ сæ фор- мæмæ гæсгæ дæр ног уыдысты ирон поэзийы Мысосты ныхæстæ. Кæд тæвагыл дзурæм, уæд ацы æмдзæвгæты фæйлауы Вл. Маяковскийы поэзийы комы улæфт, уæл- дайдæр ыл фæзындысты «Левый маршы» миниуджытæ. Поэт дзуры: Ралæуу-ма, Кусæг лæг, Бавдис дæ бæгуы лæг, 153
Абон Дæуæн у дæ рад. Мах стæм таугæрдæг, Мах стæм Цард-цæрдæг, Мах стæм Рухстау Æфсад! Цомут æнгомдæрæй! Хъусут мæм: Рахиз! Рахиз! Исут уæ къахдзæф цæрдæг. Мачи ныл фæуа уæлахиз. Иу! Дыууæ! Æртæ! Ацы æмдзæвгæйы лирикон герой кæсы размæ, тох кæ- ны кълассон знæгты ныхмæ, йæхи хоны рухстау æфса- дæй. Уый у, кълассон знæгты ныхмæ тохгæнгæйæ, куль- турон революци чи арæзта, уыцы æфсадæй. Уыцы рæстæ- джы аиуварс кæнын хъуыд, ног цардæн цæлхдур чи уыд, уыцы реакцион æгъдæутты. «Нæ хотæн», зæгъгæ, йе ’мдзæвгæйы- фыста Мысост: Нæ бынæй иумæ мах ыстонæм Ыстыр цæлхдур. Æгъдæуттæн саразæм, куыд зонæм, Æндæр бындур. Уыцы æндæр бындур у коммунистон мораль, комму- нистон æгъдау. Уый та домы æппæт хъуыддæгтæм дæр кълассон цæстæй кæсын: æппæт эксплуататорты ныхмæ тох кæнын, æппæт пролетарон æмæ фæллойгæнæг дзыл- лæты иукæнын æмæ коммунизм аразын. Коммунистон мораль баст у пролетарты кълассон тохы интерестимæ, æрмæст уыцы интерестыл чи ауда, уыдоны фарс чи уа, уый у коммунистон æгъдау, махæн чи бæззы, ахæм рай- синаг æгъдау. Ахæм цæстæй касти нæ поэт ирон æгъ- дæуттæм дæр æмæ йе ’сфæлдыстадмæ дæр. Уымæ гæсгæ фæдзæхсы Мысост йæ уарзон Дзерассæйæн: Хатын дæм, Курын дæ, 154
Ма ’рхæсс дæ сæрмæ Зæронд, Мæлинаг æгьдау. Хъуамæ цæттæ уæм кæддæриддæр, нæ райгуырæп бæс- тæйы-ныхмæ чи цæуа, уыцы знагæн дзуапп раттынмæ, йæ ных бакъуырынмæ. «Фæдисы зарæг» — зæгъгæ, иу æмдзæвгæйы поэт фыссы: Мæ топп — æргъæвд, Мæ къухы — кард, Хъару — мæ цæсты каст... Уый у ссæдзæм азты райдайæны фæскомцæдисоны об- рæз. Уыцы фæскомцæдисон фæсивæды тых æмæ ныфс æвдисы Мысост йе ’мдзæвгæйы. Фæскомцæдисонтæ сты тохы барджытæ, сæ царды цины зарджытæй ком азæлы, уыдон тæрсгæ нæ кæнынц. «Чызгимæ ныхас»-ы поэт фыссы: Ацы заманы нæуæндаг Не ’скæндзæн цæсгом. Советон патриотизм ахсы Мысосты поэзийы стыр бы- нат. Поэты идеал у, райгуырæн бæстæйы сæраппонд йæ цард дæр æвгъау чи нæ кæны, ахæм хъæлдзæг, цардбæл- лон фæскомцæдисоны обрæз («Чызгимæ ныхас», «Фæди- сы зарæг» æмæ æнд.). Стыр бынат ахсынц Мысосты сфæлдыстады фæллой кæныны мотивтæ. Советон патриотизмы æмрæнхъ сæри- бар адæймаджы райдзаст куыст у Мысосты поэзийы æвидигæ суадæттæй иу. Адæймаг сæрибарæй куы куса, уæд ын цыфæнды куыст дæр зын нæу. Поэты бон бавæй- йы адæймаджы фæллой поэтикон ирд обрæзты æмæ ныв- ты равдисыи. Куыстуарзон хосгæрдæджы обрæз Мысост афтæ сфæлындыдта, æмæ адæймаджы цæстытыл ауайы: Уæнгты туг æхсиды, Хъæлдзæг у мæ бон, Ныххуылыдзи хидæй Цикъæйæ хæдон. Афтæ дзуры æмдзæвгæйы лирикон герой. Уадз йæ хид кæлæд, уæддæр уый нæ тыхсы, йæ тыхмæ тых æф- тауы: 155
Цæй, мæ тых, ысхъаз-ма, Фындзæй хид æртагъд. Мæ цæвæджы размæ Гоппон цъиу ыстахт. Мысост дзæбæх арæхсы поэтикон фæлгонцтæ аразын- мæ, адæймаджы зæрдæйы æнкъарæнтæ равдисынмæ, кæ- сæджы цæстыты раз ныв æрæвæрынмæ. Фæнды мæ рагуалдзæджы ’згъалын Зæххы цæсгомыл хор æрмæй, Æхсæв æнцад доны куыд калы Æвзист уæларвы зæрдæ — мæй. («Фæдисон») Бæлæстæ нал зынынц салфæй, Дымгæ ысниуы, кæуы. Хъæдæн æддозæй, йæ арфæй, Фæрæты къупп-къупп цæуы. («Хъæды») Нæмыджы ’хситт æмæ топпыты къæр-къæр Аивта машинæ — тракторы зард. («Октябрæн») Мысост адæймаджы амонд бæтты куыстимæ. Амонд- мæ дардмæ цæуын нæ хъæуы, зæгъы поэт йæ цыппар рæнхъон чысыл æмдзæвгæйы: Ма у æнкъард... æмæ амондмæ ма дзур, Амонд йæхæдæг зындзæн. Дардмæ йæм ма цу, дæ куысты йæ агур, Æмæ дæ уый дæр уындзæн. Советон патриотизм фæллоимæ бæттын, революцион пафосимæ размæ кæнын, хурмæ тындзын, царды ма къуылымпыйы хос цы ис, уыдоны ныхмæ тох кæнын — ахæмтæ сты, æмткæй зæгъгæйæ, Мысосты поэзийы мо- тивтæ. III Хъамбердиаты Мысосты сфæлдыстады зынгæ бынат ахсынц йæ поэмæтæ «Ард» æмæ «Дыууæсæроны». «Ард»-ы сюжет, цыбырæй зæгъгæйæ, у афтæ. Мæгуыр 156
хъæууон лæппу Ахмæт уарзы Мæдинæйы, Мæдинæ дæр айй уарзы. Сæ амонды ныхмæ лæууы æрмæст чызджы фкд, зыд адæймаг, уый архайы йæ чызгæй фылдæр ирæд рамсыныл. \Ахæм традицион хаххыл арæзт у «Ард»-ы сюжеты фьщцаг хай. Зонæм, ахæм сюжет ис Къостайы «Чи дæ»- йæнчдæр, Секъайы «Азау»-æн дæр. Фæлæ дыккаг хай у æнда^рхуызы арæзт. Шэмæйы архайд цæуы, советон хицаудзинад куы æр- фидард уыцы фыццаг азты. МыЖост бафæлвæрдта йæ поэмæйы хицæн характер- тæ равдисын. Поэм\ейы бæлвырддæр æвдыст цæуынц Хъасболат æмæ Ахм^еты обрæзтæ. Уыдон кæд æрдхæрдтæ сты, кæд ног фæнд^гыл æрлæууыдысты, уæддæр сæм иу зонд, иу хъуыды нæй. Хъасболат разы у чызг раскъæфыныл. Уы- мæ гæсгæ уый тыхдзинад нæу, уымæн æмæ чызгæн йæхи дæр фæнды, Ахмæты хай куы фæуид, уый. Фæлæ Ахмæт скъæфыныл нæ разы кæны. Ахмæт бамбæрста, скъæфын æвзæр æгъдау кæй у, сылгоймаджы æбар бынаты кæй æвæры, æмæ йæ нæ фæнды, ахæм тыхы фæндагæй йæ уарзаг зæрдæйы мондæгтæ суадзын. Уый зæгъы: Нæ, уымæй нæй, мæ хур, æхсар! Ныронг фæдардтой талынг адæм Сылгоймагæн цыбыр йæ бар, Ныр та нæхæдæг ног уаг садзæм, Ыскъæфынтæ-зæгъæм-ныууадзæм. Куыд мын ыскъæфын ьæныс уæд? Нæ, нæ, ныууадз, æгъгъæд, æгъгъæд! Хъасболат ын дзуры, чызгæн йæхи фæнды, зæгъгæ, фæлæ уæддæр Ахмæт нæ разы кæны. «Хъасболат, уый йæхи фæнд хоныс, æз æй куы аскъæфон тыхæй?» — фæрсы йе ’рдхорды Ахмæт. Мæдинæйы кæмæндæр радтой, зæгъгæ, хабар куы ай- хъуыст, уæд Ахмæт тар хъæдмæ йæхи айста. Æнцой йæ нал уадзы йæ зæрдæйы катай. Хъасболаты ардыдæй æх- сæвыгон бирæгъау æнхъæлмæ кæсы йæ холымæ, Мæди- йы чи ракуырдта, уымæ. Æппын фæстаг фæзынди дыу- уæ барæджы. Ахмæт йæ топпы гнлдз æппары. Лæджы цæст топпы хъавæн ары... : 157
Фæлæ та нал сразы уыцы фæндыл дæр, арвы уæрæ/ хады ацыд адзал хæссæг нæмыг. Æнахуыр мæстæйдзат худт фæкодта йæхиуыл. Иæ зæрдæйы быцæу кæныиц дыууæ тыхы — талынг царды зондахаст æмæ ног сæри- бар царды хъуыдытæ. Чызг æй йæхæдæг дæр кæй уашы, уый йæ разæнгард кæны лæгмарыныл дæр, аскъæфыныл дæр. Фæлæ нæ, афтæ бакæнын тых ми у, уый сылгоима- джы бартæ ссæнды, уый ног æгъдау нæу. Æмæ но/тых, ног хъуыдытæ фæуæлахиз сты Ахмæты сæры. Цæмæй дзы йæ мæстаг уарзон ферох уа, уый тыххæй сфæнд кодта йæхи искæдæм айсын. Æнкъардæй æмæ зæрдæрисгæйæ арасти рухс горæтмæ. Поэт цалдæр раны горæта (саха- ры) обрæз æвдисы æрттивгæйæ, цæхæр калгæйæ. Кæд Ахмæт йæхæдæг сразы йæ уавæримæ/йæ риуы уарзондзинады арт бамынæг кæнгæйæ, уæдда^р Хъасбо- лат нæма ферох кодта йæ ныхас Мæдийы йе ’рдхордæн аскъæфыны тыххæй. Мæдийы куы рахастой расыг чындзхæсджытæ, уæд хъæды астæу иу нарæг фæндагыл сæ астæу февзæрд Хъасболат, йæ сæр басылыхъхъы тыхт, афтæмæй. Чындз- хæсджытæ зонгæ дæр нæ бакодтой, сæ чындзы сын куыд аскъæфта æмæ тар хъæды куыд æрбайсæфт, уый. Сæ худинаджы дуг æрцыд чындзхæсджытæн, фæлæ: Ыстыр у тынг нæ хъæбыс хъæдæн — Æмæ йæ марадз ныр ыссар. Хъасболат йе ’рдхорды сæраппонд йæ дзырд баххæст кодта. Уый фæндыд дыууæ уарзон зæрдæйы баиу кæнын. Æмæ ахаста чызджы. Фæдис æй асырдтой, фæцæфтæ ис, уæддæр нæ уадзы йæ хæс æрдæгыл. Фидар, романтикон характер разынд Хъасболатмæ. Фæдисонтимæ йæ хъæ- бысхæст дæр æвдыст цæуы романтикон ахорæнтæй. Ба- хæццæ ма ис Хъасболат горæтмæ. Ахмæт... Ах-х-мæт, — хæрдмæ ысдзуры, (Уыди йын уый фæстаджы хъæр). Ныттасыд æмæ дуры цурмæ Æрхаудта бæхæй зæхмæ дурау... Æрхуыссыд бæх... Мæди йæ быны. Ахмæт рауад фæдис хъæрмæ æмæ уыны: Иæхи Хъасболат туджы найы, Йæ бæх та сыгъд, фыдуадæй мард, 158
Мæдийæн та йæ ныхыл уайы Фæдисонты нæмыджы фæд. Ахмæт кæсы, йæхæдæг мардау, — Нæ йæм цæссыг, нæ йæм хъæрзын. Æрæппæрста йæ цæссыг дардæй Фыццаг хъæргæнæг хуры тын. 1_Йей тыххæй æрцыдысты ацы æппæт бæллæхтæ? Адæй- маджу зындзинады тыххæй, Мæдинæйы фыд, фыццагон æгъдæ\ттыл хæцгæйæ, йæ чызджы фæндон кæй ницæмæ æрдардга, ирæдыл æй кæй уæй кодта, уыйадыл. Уыдон уыдысты ног царды цæлхдуртæ, æмæ Мысост хæцыд сæ ныхмæ. \ Поэмæиы бирæ ис романтикон ахорæнтæ, тынг ыл фæзынд Лермонтовы романтикон уацмысты тæваг, йæ формæмæ\гæсгæ дæр ранæй-рæтты хæрз æввахс бацæуы уыцы уацмыстæм. Йе ’рфысты ахастмæ гæсгæ хæстæг у Къостайы <<Фатимæ»-мæ дæр. Фæлæ уæддæр ацы поэмæ- йы архайджытæ ивгъуыд царды геройтæ не ’сты, уыдон сты нырыккон дуджы, советон хицаудзинады фыццаг аз- ты цæрджытай. Ног цард, тюг уавæртæ ирон фæсивæды ног хъуыды- тыл бафтыдтои, сæ царды æгъдæуттæн æндæр бындуртæ аразынц, фæла бынтон сæфт нæма æрцыдысты «рагон» фыдæлтыккон æгъдæуттæ. Хивæнд фыд, йæ чызджы зæр- дæ куыд зæгъьц афтæ йæ уарзондзинады фæдыл нæ уа- дзы. Ахмæт у, \куыд загътам, афтæ ног фæсивæдæй, ахуырмæ йе ’ргом чи аздæхта, æмæ сæрибар царды тæф кæмæ бахъардта\ Уый фæуæлахиз вæййы, сафинаг чи у, уыцы æгъдæуттыл. Ахмæт зоны: Фыцц1|гмæ нал ис ныр ыздæхæн, Куыд ^æй кæнæн нырæй ызнон». \ Чысыл æндæр зондахдстыл хæст у Хъасболат. Хъæ- батыр æмæ йæ дзырд æххæстгæнæг лæппу, — уый дæр иудадзыг «зæронд» адæмæй нæу. Уый у уарзондзинады фарс, кæд дыууæ адæймаджы кæрæдзи уарзынц, уæд хъуамæ баиу уой,—афтæ у Хъас- болаты фæнд. Фæлæ уарзон зæрдæты баиу кæныны ных- мæ цæлхдуртæ ис, æмæ уыдон аиуварс кæнынæн ницы мадзал зоны, рагон фæлтæрд æгъдау — аскъæфынæй дарддæр. Уыцы аскъæфтæй та йæхи дæр æмæ Мæдийы 159
дæр фесæфта. Афтæ сты Хъамбердиаты Мысосты дыуу^ æрдхорды. * / Мæдийы зæрдыуаг кт>аддæр æргомгонд цæуы г/оэ- мæйы. Фæлæ бæрæг у, Ахмæты кæй уарзы. Йæ чындз- хæсджытæ йæ алыварс хъæлдзæг куы хъазынц, уæдууый та æндæр сагъæстæ кæны, мысы йæ уарзон Ахмæти: Уæд та уд базырджын куы уаид. / Уæд ныр Мæди йæ разы уаид / Æмæ зæгъид: æрмæст — «дæу дæн». / Нæ раргом кодта Мæди йæ зæрдæйы сусæг/фæндтæ, нæ ралæууыди сæ баххæст кæныныл, фæлæ, йæ уарзон- дзинад йæ зæрдæйы арф бамбæхсгæйæ, сразы/йе ’нæба- ры уавæрыл. Æнхъæлмæ ма бæргæ каст чындзы цæугæ- йæ дæр, фæлæ йæ фæндондзинад йæхицæй дарддæр нæ хызт. Мæди у ахæм чызг, цагъардзинад йæ зæрдæйы фæндонтæ кæмæн ныцъцъист кодта, сæрибар дуджы дæр йæ уæнгтæ йæхи фæндиаг чи нæма аивæзтж йæ бартæ чи нæма бамбæрста фаг æмæ сыл æргом чи нæма тох кæны. Мæнмæ гæсгæ æххæстæй бакусын нæ/бантысти Мы- состæн йæ поэмæ «Ард»-ыл, хицæн бынæттæ æмæ хицæн рæнхъытæ фаг рæвдз арæзт не ’сты æвзагæй, фæзыны дзы дæрзæг ныхæстæ, ирон синтæксисмæ гæсгæ раст арæзт чи нæ у, ахæм хъуыдыйæдтæ. Фæлæ уæддæр ацы поэмæйы зыны Мысосты стыр поэтикой курдиат. Поэт йæ геройты зæрдыуаг тынгдæр раргс/м кæныны тых- хæй хорз пайда кæны æрдзы нывтæй,/ йæ геройтæн сæ архайд, сæ алы фезмæлд бæлвырд æрдисгæйæ, йæ бон бавæййы чиныгкæсæджы цæстыты раз.’удæгас ныв æвæ- рын. Мæнæ райсæм фæдисон Хъас’болаты кæм æр- баййæфта æмæ хъазуат хæст кæм са^æзтой, уыцы ныв. Бæх сæ фæтарст æмæ фæтæхы... Знæгтæ та, дыууæ æрдхордау, Хъæбыс-хъæбыс... кæнынц хъуырдухæн... Хъасболат хурх ссардта къухæй... Уæлейы, арвыл мигъ ызгъордта, Йæ чъылдымæй сæм мæй æркаст, Æнæмæт бæх кæрдæгыл хизы. Иæ къах идоны босæй баст. ’ Кæнæ мæнæ расыг чындзхæсджыты уавæр, сæ чын- дзы сын куы аскъæфтæуыд, уый фæстæ: 160
Куы гобитау, куы хъæр, ныхас... Цыма сæ бачынди ныккæнды, Цæстыты згъорд, цæстыты тас. Иугай фæдисæттæ æрцæуынц, Нæ сын уыд хорз æнтыст фæндаг Æмæ маст зæрдæйæ фæкæнынц: Нæ худинаг! Нæ худинаг! Цы зæгъдзысты ныр адæм хъæуы? Хуыздæр у ай бæсты мæлын!» Бæласæй уыг уынгæг ыскæуы — Куы та сыл худæгæй мæлы. Æрдз æрыгас вæййы Мысосты æмдзæвгæты, адæйма- джы хуызæн йемæ ныхас кæны, йæ поэтикон къæрцхъус- дзинадæй æмбары æмбæхст цъиуты ныхас: «Бæласы сыфтæрты æмбæхстæй ныззарынц цъиутæ: «бон у, бон», æфсæрмы хуызæй æвзист цæхæр скалы дон». Поэмæйы бирæ ис лирикон фæзылдтытæ; алыхуызон абарæнтæ æмæ эпитеттæй хъæздыг кæны йæ обрæзты. Кадæг «Дыууæсæрон» æвдисы, поэт кæй бамбæрста æмæ иттæг хорз кæй равдыста æцæг ирон адæмон кадæ- джы ахаст æмæ миниуджытæ, уый. Уым нæй силлабо- тоникон æмдзæвгæтау бæлвырд бæрцбарæнтæ, рифмæтæ; нæй дзы, уæлдæр цы поэмæйы кой кодтам, уый хуызæн гуырвидауц арæзт сюжет дæр. Уымæн йæ аивадон ма- дзæлттæ сты æндæртæ: адæмон хъæздыг эпитеттæ æмæ абарæнтæ, фæндыры цагъдмæ зарыны ритм. Хицæн рæн- хъытæ ногæй фæзынынц строфайы кæрон. «Дыууæсæроны» ныхас цæуы Уæрæсейы хæдхæцæг паддзахы эмблемæйы тыххæй, фæллойгæнæг адæмы тугцъирæг Бадилаты тыххæй. Байхъусæм мæнæ æмдзæв- гæтæн сæхимæ: Уæртæ хæхты комы нарæджы Сау хæлуарæг сæхгæдта йæ тынтæй. Уыцы тынтæ ’рбадтысты зæххыты дзаджджычтыл, Æмæ сыл згъоры Зæххы туг Тугцъиры дзыхмæ, Гъей-ори, уæри-ра ’мæ ой! Æмæ сыл згъоры Зæххы туг Тугцъиры дзыхмæ. 11 Цард а?мæ поэзи 161
Дарддæр æргомгонд цæуы, уыцы тугцъир чи у, уый: Уæ, нæ Иры номдзыд æлдæрттæ, Хъуыбадтæ, Слонатæ, Тæгиатæ, Уæ, нæ урс стæг, нæ урс къух уæздæттæ, Уæ, нæ урс къух, сау цæсгом Бадилатæ, Чи радта сымахæн диссаджы æвæлмæцгæ цард? Ой-ори, уæри-ра, ’мæ ой, — Чи радта сымахæн диссаджы æвæлмæцгæ цард? Ахæм строфаты æхсæн хаттæй-хатт фæзыны рифмæ- гонд стихтæ дæр: Æлдары бæх — Къæлæт хъуыр, Æххормагæй Нæ рауасы. Алы кæрт ын Алы аз Хосы уæрдон Баласы. О, мæ хъисын, ма атон, Мæгуыры хъæстытæ бауром. Ахæм адæмон стихтæй(æмдзæвгæтæй) канд ацы ка- дæг нæ ныффыста Мысост. йе ’ннæ уацмысты дæр ра- нæй-рæтты зынын байдыдтой («Джызæлдон», «Хæххон хæдзар» æмæ æндæртæ). Уымæй уый бæрæг кæны, æмæ рæзгæ курдиатджын поэт адæмон сфæлдыстадмæ йæ хъус тынг кæй дардта, канд йæ сюжеттæй йын кæй нæ пайда кодта, фæлæ йын йæ поэтикон фæрæзтæ дæр кæй æрцахста æмæ йæ бон кæй бацис уыдон аивæй равдисын. IV Хъамбердиаты Мысост æмдзæвгæтæ фыссын куы рай- дыдта, уæд ирон советон поэзи тыхджын нæ уыди, ног царды улæфт дзы фаг нæма зынди. Æрмæст Багъæраты Созыр æмæ Барахъты Гинойы æмдзæвгæты зынд ног те- матикæ, советон дуджы нывтæ, фæсивæды цардæй хи- цæн нывтæ æмæ цаутæ, ног зарджытæ. Нæ зынгæдæр поэттæй иуæй-иутæ ног цардыл сæ хъæлæсы дзаг нæма зарыдысты, се ’мдзæвгæтæ фылдæр хатт уыдысты кæнæ цардæй иппæрд, кæнæ æвдыстой ивгъуыд царды нывтæ. 162
Уьщы рæстæджы Хъамбердиаты Мысосты æмдзæвгæ- тæ ирон поэзийы фæзындысты сатæг уддзæфау, сæууон ирд хуры тынтау; уыдон ног уыдысты сæ обрæзтæм, сæ нывтæм гæсгæ. Уыдоны тыххæй ныхас уыд, стæй ма уы- дзæн, фæлæ ма æркæсынмæ хъавын æндæр фарстмæ — кæуыл ахуыр кодта Мысост, кæд ирон советон поэтты хистæр фæлтæр уыцы рæстæджы тыхджын нæма уыд, кæд сæ уацмыстæм фаг нæ хæццæ кодта ног дуджы’ улæфт, уæд? Йæ уырыссагау фыст æмдзæвгæтæй иуы, Хетæгкаты Къостайы номыл фыст чи уыд, «Певцу», зæгъгæ, уым Мысост фыста: Поэт и храбрый витязь, Ты звал к борьбе людей, И бравые джигиты Седлали лошадей. Горящая стихия Поэта сбила СНог, Но все ж несу^стихи я К могиле как венок. В могильные покои Прими ты дань мою. Неспетое тобою, Быть может, я спою. Къоста цы зарджытæ не ’скодта, чи зоны, æз ахæм зарджытæ скæндзынæн, зæгъгæ, ахæм хæс æрæвæрдта поэт йæ размæ. Æмæ æцæгдæр, Къостайæн цынæ бан- тыст аразын, уыдоныл зарыди Мысост, уымæн æмæ Къоста иу ’дуджы цард, Къоста иу дуджы зарæггæнæг уыд, Мысост та æндæр дуджы царди, æндæр зарджытæ кодта. Мысост Къостайæн кодта стыр аргъ, Къоста уыд йæ ахуыргæнæг. Фæлæ Мысост, иуæй-иу поэттау, Къоста- йы темæтæ æмæ мотивтæ нæ фæзмыдта. Мысост хорз сахуыр кодта Къостайы поэтикон дæсныдзинад, йе ’сфæл- дыстады традицитæ æмæ сæ ног уавæрты мидæг хорз, арæхсгæ пайда кодта. Мысост Къостайы традицитыл хæст кæй уыди, уый бæрæг у, йæ поэзийы размæ цы стыр хæстæ æвæрдта, уымæй дæр. «Нæ хохмæ», зæгъгæ, йæ иу æмдзæвгæйы Мысост эпиграфæн æрхаста Къостайы ныхæстæ: «Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин, куы бафидин искуы мæ 163
хæс», зæгъгæ. Мысост, йæ ахуыргæнæг Къостайау, йæхи хæсджын хуыдта адæмæй. Поэт фыссы: Дæ доминаг хъæбул — Æз дæр дæ хæс дарæг, Хæссын дын Нывондæн мæ сæр. Мысост архайдта йæ хæс бафидыныл, сидт адæммæ: «Цомут мемæ царды рохмæ æмæ царды ад ссарæм». Вл. Маяковский æмæ иннæ уырыссаг хуыздæр поэт- тыл Мысост ахуыр кодта ног хъуыдытыл æмæ ног фор- мæтыл. Мысост уарзта хъæлдзæг зарджытæ кæнын. Иæ амардæй иу æртæ мæйы размæ йæ иу писмойы фыста: «Ме ’мбæлттæй, ирон фысджытæй, бирæтæ дис кæнынц, а-фæстаг рæстæджы фысгæ кæй нал кæнын, ууыл. О, уый афтæ у, мæнæн фыссын мæ бон нал у. Ирон литера- турæ зоны мæн æрыгон æмæ хъæлдзæг поэтæй. Куыд ма зарон ныр æз, кæд æмæ мæ зæрдæйы уидæгтæ æрыскъуы- дысты. Куыд ма кæнон хъæлдзæг сидты зарджытæ, кæд æмæ адзал мæ уæлхъус æрбалæууыд? Мæнæн мæ бон у ныртæккæ æрмæст «æрхæндæг æмæ цæстысыджы» зар- джытæ фыссын, фæлæ кæй хъæуынц саст зæрдæйы тъи- зын æмæ æнуд хъæлæсы цъæхахст? Стæй мæ нæ фæнды, цæмæй мæ номимæ баст уой æрхæндæггæнæг зæлтæ. Мæ зарæг хъуамæ пайда хæсса, æмæ кæд пайда хæссын мæ бон нæу, уæд фæлтау хъусæй лæудзынæн». Æнкъард зарджытæ чи кодта, «хур аныгуылдзæн» зæгъгæ чи дзырдта, уыдонæн Мысост уайдзæф кæны «туджы ахстытæ — уæ зæрдæ», зæгъгæ. Иннæ катайгæ- нæг поэтæн та афтæ зæгъы: У дæуæн дæ зæрдæ дур, Царды цин нæ комы... Хъæлдзæг зарæг дын — хъæрзын, Хуры тын — дæ марæг. («Уайдзæф») Уый æмæ хъæлдзæгдзинад цæуы куыстæй, фæллойæ. Раздæр дзырдтам Мысостæн сæрибар фæллой йæ хъæл- дзæгдзинады суадон у, зæгъгæ. Ныр цы æмдзæвгæйы кой ракЬдтам, уым дæр та уынæм уыцы идейæ, у’ым дæр Мы- сост «дурзæрдæ» поэты æфтауы кусыныл, дзуры йæм: 164
Цом-ма атæрæм дæ мах, рувгæйæ нæ разæй... æмæ кæд ды дæр хъæлдзæгæй ныззарис, зæгъгæ. Хъæлдзæгæй зарын, советон царды цин, зæрдæрайæп фæллой — адон сты Мысосты поэзийы ахсджиагдæр мо- тивтæ. Хъæлдзæг æмæ царды цин Мысосты æмдзæвгæ- тæн се ’ттаг хуыз нæу, уый у сæ мидис, сæ идейон апп. Иу-цалдæр æмдзæвгæйы нæ нымайгæйæ, Мысосты поэзп у рухс тынтæй быд. Æмæ, кæй зæгъынæй хъæуы, йе ’мдзæвгæты фыццаг чиныг дæр уымæн рахуыдта «Цин». Æмæ цин, рухс тынтæ, уæлахизмæ тырнын, размæ быр- сын хорз зынынц «Ног æфсад», «Уайдзæф», «Поэтæн» æмæ бирæ æндæр æмдзæвгæты. Иæ зæрдæ зынг кæмæн у, йæ тугдадзинты фыцгæ туг кæмæн хъазы, æнусмæ æрыгон чи у, æрмæст ахæм поэт ныффыстаид «Дымгæ», «Нæ бæстæм», «Ногдзаутæ-скъо- ладзаутæ», «Уалдзæг», «Цæй-ма, размæ. цæй-ма» æмæ æндæр æмдзæвгæтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, Мысостмæ ис, æнкъарддзинад кæмæ хæццæ кæны, ахæм æмдзæвгæтæ дæр. Поэт зоны, къулæй йæм цыртыты æмбырд кæй сиды, мæлæт æм кæ- цæйдæр уазал цæстæй кæй кæсы («Зонын»). Фæлæ уыцы æнкъарддзинад социалон бындурæй не ’взæры, уый нæу пессимизм. Кæд ын йæ буары лæмæгъдзинад йæ зæрдыл мæлæт æрлæууын кæны, уæддæр поэт зоны, бынтон кæй нæ амæлдзæн, йæ зарæг удæгасау йæ куыст кæй кæн- дзæн. Поэт зæгъы: Æз ныууадздзынæн мæ фысты Бонты рухсдæрæн мæ зард. Хъæу ныгъуылдзысты сæ куысты, Æмæ згъордзæн ногмæ цард. Æндæр хуызы «æнкъарддзинад» дæр ма ис Мысосты поэзийы. Поэт тындзы раз’мæ, рухсмæ, бæллы, базыртæ йын куы уаид æмæ дард куы атæхид, уымæ. Ам дæр та поэты бæллиц у хуры обрæз: «Хуры тынтæй сбийын худ». Фæлæ хур судзын дæр зоны. Мысосты лирикон герой- поэт тæрсы, хур ын йæ базырты куы æрсудза, уымæй («Мæнæн базыртæ куы уаид»). Ахæм хуызы æнкъарддзинад (кæд ын афтæ схонæн ис, уæд) у размæ тындзыны, поэзийы бæрзæндтæм схи- зыны хъуыддагимæ баст. Ахæм стыр фæндагыл цæугæ- йæ, зæрдæйæн æнæтæрсгæ, æнæризгæ нæй. Афтæ куынæ 165
уа, уæд æнæмæтдзинады бын фæуыдзæн, хъуына йыл сбаддзæн. Мысосты æнкъарддзинад æхсæнадон цардарæзты бындурæй нæ гуыры, нæй йын социалон ахаст; уый нæ лæууы йæ хъæлдзæг мотивты ныхмæ. Уыцы æнкъарддзи- над поэты ныфс нæ сæтты, ногæй та æрбайхъуысы йæ фндар, азæлгæ ныфсы хъæлæс: Зон, мæ удæн нæй æрмынæг, Фестдзынæн дæм рог. Æмæ царды тæф, уырны мæ, Риуы хиздзæн ног. («Чызгимæ ныхас») Мысост ирон поэзимæ бахаста, уæды онг дзы чи нæ уыд, ахæм ног обрæзтæ. Мысосты поэзи у ирд æмæ рухс, цины гуылфæн. Уымæн дзы афтæ стыр бынат ахсы хуры фæлгонц, хуры обрæз: «Хур йæ тынтæ зæхмæ луары, зæххыл хуры цин — зынгуард»; «Хур сывæллонау сху- ды æмæ ’рттивы хъæлдзæг ардæм» («Поэтæн»); «Хуры фынчыты фæддзæгъдæн, цагъд къуымбилау, рухс æрта- уы» («Поэтæн»); Æрбакаст дзагцæстæй хъæлдзæгæй хур» («Уалдзæг æрцыди»); «Хуры сызгъæрин æхсыст» («Бон ныл æрпивы»); «Хуры тынтæй сбийын худ» («Мæ- нæн базыртæ куы уаид»). «Цæхæрджын сахар», «Рухс- тау æфсад», «Тракторы зард», «Зынгбазырджын уари», «Сызгъæрин хур» — адон дæр сты ног эпитеттæ æмæ абарæнтæ, ирон поэзимæ Мысосты æмдзæвгæтимæ чи ’рбацыд, ахæмтæ. Æмæ, æцæгдæр, Мысосты поэзи у хурæй гуырд. «Уал- дзæг» зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæйы малусæг дæр у «Хуры фæдисонтæй». «Æнхъизы йæ сыфтыл æхсыр». Мысосты зæрдæйы цин схæццæ вæййы хурмæ: Цин адæм! Цин бæстæ! Арвыл схъæл лæппу — Хур барæг — зынджы зыны. Цин æмæ рухсы тынтæй нывæст у «Дымгæ», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæ дæр. йæ архайд дæр, йæ ритмикон ин- тонаци дæр сты ног. Лирикон геройы зæрдæйы цин баст у, цæстæй кæй уыны, уыцы хъæлдзæг нывтимæ. Дымгæ йæхи рæдувы, кафы, змæнты фæз... Зæрдæ дæр — ахст цъиу — риуæй йæхи æддæмæ тоны. 166
Абон æмбаргæ чн у, Уый дæр кæны æрра, — дзуры лирикон герой æмæ цыбыр хæлафы хъазынмæ уайы. Ахæм ног хуызы, цины пафосимæ фыст сты «Ног- дзаутæ-скъоладзаутæ», «Нæ бæстæм», «Цæй-ма, размæ, цæй-ма» æмæ æндæртæ. Мысост пайда кодта кълассикон тыхджын рифмæтæй: стонæм — зонæм, зард — цард, цæлхдур — бындур æмæ æндæртæ. Фæлæ ахæм рифмæты æмрæнхъ Мысост ирон æмдзæвгæмæ бахаста ног рифмæтæ дæр, ассонансгонд рифмæтæ: æрсидæм — æхсиды, куы сива — фæсивæд, комы — уромæг, гæрах — æрра, æрмынæг — уырны мæ æ. æнд. Æмдзæвгæтæ чи фæфыссы, уыдон се ’ппæт поэттæ нæ вæййынц, рифмæгонд ныхæстæ, æмдзæвгæтæ кæй фæхо- нæм, уыдон се ’гас поэзийыл нымад нæ цæуынц. Хъам- бердиаты Мысост уыди æцæг поэт, йе ’мдзæвгæтæ та — æцæг поэзи. Мысост хъуыды кодта обрæзтæй; йæ зæр- дæйы æнкъарæнтæ, йæ ахсджиаг фæндиæгтæ равдисы- нæн ардта аив мадзæлттæ. Мысост зыдта йе ’мдзæвгæ- тæй адæймаджы зæрдæ агайын, йе ’нкъарæнтæ чиныгкæ- сæджы зæрдæмæ бахæссын; дæсны уыди дзырдтæй ныв кæнынмæ. Каей цæстыл нæ ауайдзæни хъæды зымæгон ныв, Хъамбердиаты Мысосты чысыл æмдзæвгæ «Хъæды» ба- кæсгæйæ? Кæнæ ирд мæйрухс æхсæвы ныв æмдзæвгæ «Арвы хæзна» бакæсгæйæ? «Æхсæвæттæ», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæйы Мысост афтæ бæстон æвдисы æхсæвы ныв- тæ« æмæ адæймаджы цæстытыл ауайынц, цыма сæ йæхæ- дæг уыны, афтæ. Хъамбердиаты Мысост цардмæ касти лæмбынæг, хорз уыдта йæ цæст æрдзы нывтæ, хорз хъуыста йæ хъус чы- сыл уынæртæ дæр, хорз æмбæрста йæ зæрдæ ног царды улæфт, фæсивæды тырнындзинад размæ. Æмдзæвгæтæ фыссынмæ Мысосты арæхстдзинад абон дæр ма нæ поэттæн у фæзминаг. Фæзминаг у Мысостæн йæ зынг зæрдæ дæр, цардмæ — йæ алфамбылай цаутæм цы монц зæрдæйæ æмæ цæхæрцæстæй касти, уый.
СÆРГÆНДТÆ Цард æмæ поэзи 3 Гæдиаты Секъа 47 Ирон сылгоймаг фыссæг Кочысаты Розæ .... 80 Курдиатджын стыр поэт 93 Барахъты Гино 129 Зынгзæрдæ поэт . . . , 146 Ардасенов Хадзбатыр Иауиевич жизнь и поэзия Редактор А. И. Царукаев. Художник X. Т. Сабанов. Худож. редактор У. К. Кануков. Техн. редактор Е. У. Дашриева. Корректоры М. Б. Савкуева, В. Т. Дзодзикова Сдано в набор 29-1-1962 г. Подписано к печати З-Ш-1962 г. Формат бумаги 84x1081/30, Печат. листов 8,61. Учетно-изд. листов 7,99. Зак. № 315. Изд. № 9. Тираж 2000. ЕИ 00427. Цена 30 коп. Северо-Осетинское книжное издательство, г. Орджоникидзе, ул. Гражданская, 2. Республиканская кннжыая типография, г. Орджоникидзе, ул. Джанаева, 20.
СРАСТГÆНИНÆГТÆ фарс 23 59 84 94 125 163 ранхъ 18 уæле 15 дæле 1 дæле 7 дæле 4 уæле 18 уæле мыхуыргонд æрцыд йæхидæйдзаг (иу. У) 1940 аз „Уæрæседзæуы" сходта сног кæсын æй хъæуы йæ хидæйдзаг (и, У, у) 1941 аз, № 34 „Уæрæседзауы" скодта с ног Ардасенты X. Цард æмæ поэзи.