Author: Харебаты Л.П.  

Year: 1989

Text
                    Харебаты
Леонид
Къæлæ|дшнæй -
къæлæ{д^1)1нмæ
Новеллæтæ
Лирикон радзырдтæ
Цыбыр уацаутæ
Æмдзæвгæтæ
Юмор æмæ сатирæ
Тæлмæцтæ
Рауагъдад «Ирыстон», Цхинвал, 1989


84 Осет 7—4 Х-20 Редактор Плиты Ф. #. Харебаты Леонид. Къæлæтджынæй-къæлæтджынмæ (Ар- вистон). Новеллæтæ, лирикон радзырдтæ, цыбыр уацаутæ, æмдзæвгæтæ, юмор æмæ сатирæ, тæлмæцтæ. Цхинвал. Ра- уагъдад «Ирыстон», 1989 аз. X 4702Б00Ш_ 2,_1989 М622(06)-89 © Издательство «Ирыстон», 1989
.(2©. ЧИНЫГКÆСÆГМÆ Рагæй уыд мæ зæрды, ныртæккæ дæ къухы цы чиныг да- рыс, ахæм саразын. Йæ иу хай йын рауагъдад «Ирыстон»- мæ радтон 1973 азы, фæлæ, бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, ны- ронг мыхуыры нæ фæзынд. Уыцы хъуыддаг, иуæй хорз уыд, иннæмæй — æвзæр. Хорз уый тыххæй зæгъын, æмæ уыцы рæстæджы чиныг мыхуыры куы рацыдаид, уæд ын кæс- джыты фæрцы базыдтаин йæ хорз дæр æмæ йе ’взæр дæр. Æвзæр та уымæн зæгъын, æмæ уæд æххæст чиныг нæма уыдаид, æмæ цæнкуылгонд та цæсты уыйбæрц нæ фæаха- ды. Ныр, чиныгыл кусгæйæ, æз ардæм бахастон, фæстаг аз* ты ма ногæй цы сфæлдыстон, уыдонæн сæ иу хай, æмæ% мæ хъуыдымæ гæсгæ, цыма чысыл фæнуарджындæр. Мæ ацы чиныг сæрысуангæй, ома, йæ рауагъдадмæ куы радтон, уæд хуынд «Ароистон», фæлæ нæм ивгъуыд азы ахæм номимæ æндæр фыссæджы чиныг кæй рацыд, уымæ гæсгæ йын æз бар-æнæбары йæ ном фæивтон, кæд мæ уый тынг нæ фæндыд, уæддæр. Æз ын уæддæр дæлсæрæн ныу- уагътон «Арвистон», сæрысуангæй ацы ном мæ чиныгæн дзуапп кæй лæвæрдта, уый тыххæй. Ардæм цы уацмыстæ бахастон, уыдонæн сæ фылдæри- мæ, чиныгкæсæг, ды зонгæ дæ периодикон мыхуыры фæр- цы. Уыд ахæм хабар, æмæ-иу хицæн юморескæтæ æмæ зонд- джын хъуыдыты быи куы бафыстон фæсномыг: Халиф Лех- ма Перса, ома Харебаты Леонид Петройы фырт. Уый та уымæн, æмæ сæм цæмæй чиныгкæсæг йæ хъус тынгдæр æр- дардтаид, тынгдæр сæм бацымыдис кодтаид... Куыд алыхатт, афтæ ацы чиныг нæу иу æрбадтæн, иу сулæфтæн фыст. Се ’ппæт иумæ сты мæ бирæ азты куысты фæстиуæг. Ам бакæсдзынæ мæ сатирæ æмæ юмортæ, царды хъæнтыл дзурæг æмдзæвгæтæ, уацаутæ æмæ новеллæтæ, стæй ма мæ цыбыр юморфæлдæхт радзырдтæ æмæ тæлмæцтæ дæр. Чиныгæн йæ фыссын куыд зын у, афтæ зын у йæ аразын дæрг уæлдайдæр та алыхуызон жанртæй конд куы вæййы, 3
уæд. Зонын æй, иууыл не сты бынтон аив, фæлæ чиныг дæр у хъæбулы хуыззгн. Хъæбултæй ныййарæгæн уæлдай куыд нæ вæййы, афтæ сты фыссæгæн та йæ уацмыстæ. Уый нæ, фæлæ ма хъæбултæй цауддæр чи вæййы, уымæн ныййарæг иннæты цур тынгдæр фæтæригъæд кæны. Мæхи тыххæй куы зæгъон, уæд æз дæр мæхиуыл комдзог нæ рацæудзынæн, мæ уацмыстæй цауддæр чи у, уый иннæты цурæй ацух кæ- нын мæ цæст нæ бауарзта. Искæй тыххæй мæ бон зæгъын ницы у, фæлæ æз мæ уацмыстæй иуæй иннæйы æхсæн бæ- рæг-бæлвырд гæрæн æрывæрон, уый саразын нæ фæразын. Цы чындæуа, афтæ у мæ уды сконд, стæйдæр сæ хуыздæр- ты æмæ сæ цауддæрты тыххæй дæр тæрхонгæнæг ды дæ, мæ зынаргъ чиныгкæсæг, æмæ — табуафси!.. Автор
«X Æ С» Хæрзойты Алæг та ноджыдæр æркаст, йæ армы дзыхъ- хъы кæй баууæрста, уыцы гæххæтты гæбазмæ æмæ та хъуы- дыты ацыд: «Уый мæм чи фысдзæнис? Мæ зæронд сæрæй мын цæмæн хъазы? Мæнæй хæс куы ничи дары, уæд ацы æцæгæлон къухфыст кæй уыдзæн?» Ногæй та райхæлдта гæххæтты гæбаз, йæ цæсткæсæнтæ бакодта æмæ та уæззау- гай райдыдта кæсын: «Бар мын ратт æмæ дæм бацæуон, бакæн мын дæ хæ- дзары дуар, бауадз мæ дæ фарсмæ æрбадын, фыдау мæм байхъус æмæ мын дæ зæрдæ цы стæрхон кæна, ууыл разы дæн. Æз цæттæ дæн дæуæй цыфæнды æфхæрд дæр райсын- мæ. Фæнды мæ дæ разы мæ цæсгом, мæ намыс ныссыгъдæг кæнын. Æз хъуамæ бафидон мæ хæс. О, мæ хæс, уый æз’ дарын дæуæй, æмæ йын æнæ бафидгæ нæй...» Алæ1' каст фæцис фыстæг æмæ та ноджы хъуыдыты ацыд, сабыр къахдзæфтæй бацыд диванмæ, йæхи йыл уæззаугай æруагъта æмæ къулыл цыдæр æбæрæг тæпмæ йæ цæсты- тæ ныццавта. Уæдмæ фæцыд телефоны дзæнгæрæг. Алæг сыстад æмæ уæззау къахдзæфтæгæнгæ бацыд телефонмæ. — Хæрзойты Алæджы фатер, — фысым дзуапп радта. Иудзæвгар ницыуал райхъуыст телефоиæй. Алæг уæддæр хæтæл не ’рывæрдта. Бæрæг уыд, дзурæг йæ ныфс нæ хаста. Æрæджиау дзы райхъуыст: — Уазæджы лæггад мын кæнат, уый уæ нæ радомдзы- нæн, æрмæст уын кæд рæстæг ис, уæд мæ дæумæ чысыл хъуыддаг ис... Дæ фенын мæ фæнды. Фысым дзурæджы йæ хъæлæсæй нæ базыдта, фæлæ йæ- хи афтæ равдыста, цыма йын тынг зонгæ чидæр у æмæ йæм рагæй каст æнхъæлмæ: —.Табуафси, æнхъæлмæ дæм кæсын, иунæгæй ма æгæр- дæр сфæлмæцыдтæн. 5
— Бузныг, стыр бузныг! Уыцы ныхæсты фæстæ дзурæг телефоны хæтæл æрæ- вæрдта. — Чи уыдзæн? — Алæг дæр телефоны хæтæл куы ’рæ- вæрдта, уæдта ноджы йæхи бафарста.-Иæхимидæг йæ цæст ахаста, кæй зыдта æмæ кæй нæ зыдта, æппæт уыдоныл, арф ныхъхъуыста, цыма уæлдæфы зонгæ хъæлæсты ’хсæн дзу- рæджы хъæлæс агуырдта, уыйау, фæлæ дзы не ссардта, нæ равзæрста, чысыл раздæр æм телефоны чи дзырдта, уыцы хъæлæс кæй уыдаид, уый. Зæронд лæг ахæм хъуыдытæ куы кодта, раст уыцы рæс- тæджы фæцыд дуары дзæнгæрæджы зæлланг. Фысым дуар куы бакодта, уæд къæсæрыл федта, афтæ иу-дыууын аст-æртын азы кæуыл цыдаид, ахæм лæппу-лæ- джы. Уазæг йæ мидбылты къæмдзæстыг худт бакодта æмæ сдзырдта: — Кæд нæ рæдийын, уæд ды Хæрзойты Алæг уыдзынæ? Фысым йæ сæр разыйы тылд бакодта: — Раст афтæ, мæ уазæг никуы фæрæдийы, кæддæрид- дæр йæ фысымы ссары. — Уæдæ мын развæлгъау дæуæй бар ист у... Æз дæн, чысыл раздæр дæм телефоны чи дзырдта, уый. — Саламты Хох. — Фысымы цæстæнгасыл, уыцы ном æмæ мыггаг фехъус- гæйæ, цыдæр сусæг, æбæрæг тæлм азгъорста, афтæмæй иу- варс алæууыд æмæ уазæгæн табуафси, мидæмæ рахиз, загъ- та. Хох цыдæргъуызон, фысымы дызæрдыгдзинад куы ба- фиппайдта, уæд фæсæццæ, афтæмæй уатмæ бахызт фысы- мы разæй. — Дæхæдæг мæ кæй бафæдзæхстай, уый тыххæй нæ, фæлæ дын хорз фысым нæ фæуыдзынæн, ме ’фсин хъæрзгæ у, рынчындоны ис дыууæ къуырийы бæрц, ныр фæсæрæн, фæлæ афтæ дæр ма хъуыды кæн æмæ ме ’фсины фæстæ мæхи бынтон æгуыдзæгæй равдисон, — Алæг йæ уазæджы тыхст æнгас куы бафиппапдта, уæд цæмæй фæхъæлдзæг- дæр уыдаид, уый тыххæй хъазынмæ фæцис. — Бузныг, ницы мæ хъæуы, чысыл раздæр ацаходыдтон, хæрæндон ис уазæгдоны фарсмæ. — Æндæр хойраг æндæр ад кæны. Сымахмæ афтæ нæ фæдзурынц? I Ахæм ныхæстыл ирхæфсгæйæ фысым йæ уазæджы фын- джы фарсмæ æрбадын кодта, стæй йын йæ разы нозт æмæ нард къуыдырфых дзидзайы æнæхъæн мæкъуыстæг æрæ- вæрдта. 6
— Аипп ма уæд, æфхæрынмæ мын ма бамбар мæ цæх- гæр фарст, фæлæ иугæр мæ хæдзары дæ, уæд дæ хъуамæ зо- нон. Афтæ мæм кæсы, цыма дæ зонын, фæлæ дæ мæ хъуы- ды æххæст нæ ахсы. — Уæд ма хæрз æвзонг уыдтæн, дзæбæх мæ нæ бахъуы- ды кодтаис, Æз уæртæ уыцы хæдзары цардтæн, студент уыдтæн, техникумы ахуыр кодтон, хæххон лæппу, сидзæр... — уыцы ныхæстыл Хох ферхæцыд. Фысым æмæ уазæг хъуы- дыты ацыдысты. Уазæг цы хæдзармæ ацамыдта, уый фы- сымæн æнæзонгæ нæу, миййаг, æмæ уымæн нæ, фæлæ уы- цы хæдзары æрвылаз дæр вæййы студенттæ æххуырсты. Ныр дæр та дзы ис чидæртæ, æмæ Алæг се ’ппæты кæм ба- хъуыды кодтаид. Алæг уырзæй æвзарæгау кæны, йæ сыхаджы хæдзары чи цард, æппæт уыцы студентты, фæлæ дзы бæлвырдæй ни- кæйуал хъуыды кæны. «Уæдæ сæ кæцы уыдзæнис? Уыцы къæсхуыр, фыдхъуын лæппу уа, æмæ афтæ тынг йæ хуыз кæм аивтаид, йæ русты хур касти, удысмаг дзы нæ уыд, æмаа уæд ацы лæппу та? Бакæс-ма йæм, раст — худгæ дзуар. — Кæцы азты цардтæ мæ дзæбæх сыхагмæ? — æрæджи- ау афарста Алæг. Саламты Хох йæ фысымы цæхгæр фарстæй фæтыхст, йæ сæр уырдыгмæ æруагъта æмæ сабыргай загъта: — Хъуыды-ма кæныс, æхца дæ арæх куы сæфтис, уыцы рæстæг? — 0, хъуыды кæнын, æмæ ды та уый кæцæй зонЫс? Стæй мæ цыма сæфгæ дæр уыйбæрц ницы кодта. Æнæмæтæй мæ дзыппæй къухмæрзæн систон æмæ æхцатæ дæр йемæ схауд- той, уы’м диссагæй ницы ис. Кæннод та ме ’фсины æхца ба- хъуыд æмæ сæ уый систа, мæхи фаг дæр ма-иу мын дзы фæуагъта æмæ сæ мурмæ дæр нæ дардтон. Фысымы уыцы ныхæстæм Хох ноджыдæр ныфсæрм, йæ цæсгом асырх æмæ йæ сæр уырдыгмæ æруагъта, афтæмæй та сдзырдта: — Бахатыр кæн, фæлæ, мыййаг, æнæном фыстæг райс- тай? — Хох уырдыг слæугæйæ бафарста йæ фысымы. — Райстон, ды мæм æй фыстай? — О, æз. Уый æз дæн дæ хæсджын. Уый æз дæн дæ къæр- ных, де ’хцатæ дын æз истон дæ дзыппæй... — уыцы ныхæс- ты фæстæ Хох бынтондæр нынкъард, ныссабыр. — Æз уыд- тæн, ды æнхъæл дæр кæмæй нæ уыдтæ, дæ уыцы къæрных, нæ мын уыд æндæр гæнæн, сидзæр уыдтæн, мæ фыд хæс- тæй нал æрыздæхт, мæ мад та ам фчæзиан. — Уыцы ныхæс- ты фæстæ Хох йæ дзыпмæ нывнæлдта æмæ дзы систа гæх- хæтты тыхт армыдзаг æхцатæ. 7
— Мæнæ ам, ацы гæххæтты нысан кодтон, дæуæй цы ’хцатæ сæфт, уыдон. Айс сæ, мæйгай мЫн нымадч^ты. Æр- кæс гæххæтмæ æмæ дæ зæрдыл æрлæууа, дæ къухмæрзæны аххосæй де ’хцатæ куыд сæфтысты, уый. Джихæ^’Иззад зæронд лæг, афтæмæй каст йæ уазæджы ризгæ къу- ^>ууый йæ цонг æрбад’ёргъ кодта: — Мæна/н1ныр мæ намыс сыгъдæг уыдзæн, ныр дын бар ис, цы дæ фæнды, уый мын кæн! Мæ сæр дын дæ разы къул кæнын æмæ дæ хатыр курын... æз æнхъæлмæ кастæн ацы бонмæ, мæ намыс мын мæ зæрдæ æхсыдта, фæлæ мын мæ цæсгом ныхсыны фадат нæ уыд. Ныр каст фæдæн Орджо- никидзейы хъæууонхæдзарадон институты аспирантурæ æмæ кусын уым, йæхимидæг. Уыцы ныхæстæм Хох æхцатæ стъолыл æрæвæрдта æмæ тагъд къахдзæфтæй рахызт дуармæ. — Кæд-иу дæ рагон къæрныхы ахсынывæнд скæнай, уæд уым гæххæтты мæ адрес æмæ’ мæ телефоны номыртæ, æз цæттæ дæн... Фысымæн быитондæр йæ бон сдзурын ницы бацис, аф- тæмæй джихæй кæсгæйæ баззад йе ’нæнхъæлæджы, æна- хуыр уазæджы фæстæ. Ныр, кинокадртау, йæ цæстытыл ауа- дысты, сабыр, фæлмæнзæрдæ, къæсхуыр лæппуйы мысæн бонтæ: «Уый у, уыцы лæппу, æз мæхицæн фырт кæмæй хъуа- мæ загътаин, уый.» Ныр æппæт дæр æрымысыд, æрхъуы- ды кодта кæддæры тæнтъихæг сидзæр лæппуйы, æмæ йæ цæстытыл æрхъуызыдысты, сатæг æхсæрау, æхсидгæ цæс- сыгтæ. «Цæмæннæ мын истай мæ дзыппæй фылдæр, мæнæй уæд кæд фæрыстаиккой, уæд мын абон та мæ зæрдæпы хъæдгом байгас кодтаиккой», — сдзырдта йæхимидæг æмæ æнкъардæй дуар ахгæдта. «Иу-æртæ боны аззайдзынæн ам, Цхинвалы, стæй фæс- тæмæ хъуамæ аздæхон, — фыста Хох, æхцатимæ цы гæх- хæтт уыд, уым. — Кæд мын мæ фыдракæнд ныххатыр кæ- нын сфæнд кæнай, уæд дын дæ хорздзинад мæ амæлæн бон- мæ мæ зæрдыл дардзынæн. Дæ иухатты къæрных Хох» Уазæгдоны бахизæны иу зæронд лæг æмæ ус тынг зæр- диагæй фарстой администраторы: 8
— Кæд гæнæн ис, уæд нын Саламты Хохы фенын кæн„ тынг зæрдиагæй нæ хъæуы. — Чи йып уыдзыстут, бафæрсын аипп ма уæд? . — Мах? — Æмæ уыцы дзырдмæ дыууæ зæронды кæрæ- дзимæ бакастысты. — Дæуæн цы уæлдай у? Ма фæзивæг кæн,< Хохы нын . фенын кæн. Ад’министратор зæрæдты разæй асинтыл схызт. ’— Мæнæ, гъе, ацы уаты уазæгиуат кæны Хох, — сдзырд- та администратор æмæ дуар бахоста. — Мидæмæ нæм рахизут, — райхъуыст Хохы хъæлæс, фæлæ уый уыдопмæ нæ банхъæлмæ каст, фестад æмæ дуар бакодта- Аджих, дуары цур Алæг æмæ йе ’фсины куы федта, уæд. Иудзæвгар ницæмæ уал сарæхст, фæлæ уазджытæ сæхи фæфидардæр кодтой æмæ мидæмæ бахызтысты. Зæронд ус, цыма цалдæр азы фæстæ йæ сæфт хъæбулы федта, афтæ йæхи баппæрста Хохыл, йе ’фцæгыл ын, ный- йарæг мадау, йæ цæнгтæ æрбатыхта æмæ афтæмæп сдзырд- та: — Мæ хъæбул, мæ сидзæр хъæбул! Æз хъæбулы уарз- тæй нæ бафсæстæн, ды — мады рæвдыдæй. Дæхинæн мæ мад схон. Мæн уырныдта, искæдбон мын хуыцау ратдзæн хъæбул æмæ мын æй ныр радта! Мæнæ мып нæ зæронд æп- пæт дæр радзырдта. Мæ сусæгæй уый йæхицæн фырт хъо- мыл кодта æмæ йæм æз та дардæй кастæн. Администраторы уыйбæрц не ’вдæлд, фæлæ йæ ахæм ныв фенгæйæ йæ къах нал рахаста. Уый зыдта Хæрзойты Алæг æмæ йæ бинойнаг Любæйы, фæлæ сын фырт ис, зæгъ- , гæ, уый никуы фехъуыста. — Ацы ’хцатæ дæу сты, — Алæг иæ дзыппæй систа Хохы æхцаты тыхтон æмæ сæ æрæвæрдта стъолыл, мæнæ ма сæм ноджы нæхæдæг дæр бафтыдтам. Уый та дын, кæд ныл баввæрсай, уæд мæнæ мах, дæ ног пыййарджытæ, нæ номыл дын — сыгъзæрин сахат... Хох ныджджих, куы Любæмæ бакæсы, куы та — Алæгмæ- Йæ зæрдыл та æрлæууыд йæ «хæс», стæн зæрæдты йæ дыу- уæ цонгæй æрбахъæбыс кодта æмæ фырцинæй йæ цæссы- гтæ нал баурæдта. 1969 аз. 9
ХОСГÆРДÆНЫ Уæд мыл цыдис иуæндæс азы... Мæ фыд мæ сугсæтгæ æрбаййæфта. Дзæвгар мын фæкаст мæ арæхстмæ, стæй мæм ^ербацыд, фæрæт мын мæ къухæй айста. — Гъёныр ма мæнмæ кæс, —загъта æмæ æз уæдæй ар- дæм цы сугыл сым-сым кодтон, уый уысммæ стæгцъæлтæ акодта, — афтæ хъæуы, уыныс, мæнæ афтæ хъуамæ хæцай фæрæтыл, стæй йæ чысыл хъуамæ зулаив цæвай, цæмæй дын лыг кæнын æнцондæр уа, — дзырдта æмæ мын æй амыд- та, стæй йæм цыма йæ уайдзæф æххæст фаг нæ фæкаст, фæстаг хатт ма йæ дзырдтæм бафтыдта, — чызг нæ дæ, чызг, лæппуйæн йæ февнæлд хъуамæ æндæр уа! — загъта æмæ мын фæрæт мæ къухмæ радта. Уыцы бонæй фæстæмæ æдзух мæ цæстытыл уайы мæ фыды фердæхт, мæ хъусты ма нырма дæр зæлланг кæнынц йæ лæджыгъæдджын уайдзæфтæ: «Чызг нæ дæ, чызг, лæп- пуйæн йæ февнæлд хъуамæ æндæр уа!» Æмæ мын æххуыс дæр хорз фесты. Уæдæй фæстæмæ цыфæнды ма арæзтаин, ,лæджы ’внæлд-иу æм фæкодтон, кæд мæм лæджы хъару нæма уыд, уæддæр. Æвнæлд та афтæ, æмæ зæрдиагæй, сæвджынæй. Уæдæ рувын зæгъай, уæдæ хъæдыкуыст зæ- гъай, уæдæ хоскæрдын зæгъай... ч Мæнæ, гъе, ныр дæр мæ цæвæг ис мæ къухы, знон мын æй чидæр акуырдта, æмæ æнæхайыр фæуæд, йæцæрæнбонты йæ къухмæ цæвæг никуы райста, рæсæй йæ комыссад фæкод- та æмæ дзыргъайы хуызæн ныцци! Æмæ дзы афтæмæй кусгæ та куыд кодта, кусгæ? Арсы бон дæр нæ бауыдаид ахæм мигæнæнимæ архайын, фæлæ ницы кæны, цыхуызæн кувæг уа, ахæм чъиритæ йæм æрхаудзæн. Ныр ын йæ ком ногæй рацагътон, хæххон сау дурæй йæ дзæбæх сдаудтон æмæ та ме схъæлфындз цæвæг йæ фыццаджы гаччы абадтис. Ие ’хситтмæ йын цы цæргæс нæ бакæндзæн тæхуды! Кæрдын хос, иу уис иннæйы фарсмæ, арсы хъыбылау, батулы. Фаронацафон ам ме ’фсымæримæ ерысы бацыдыстæм -æмæ нæ бирæ нал бахъуыд æрхауынмæ. Цæнгтæ бадон сты, хидæй нæхи æхсадтам, афтæмæй нæм нæ мад’аходæн сха- ста, нæ уагмæ нын куы бакаст, уæд йæхи нал баурæдта: — Мæ дзыхы комдзæгтæй уæ уымæн нæ фæхастон æмæ мын ныр ам уе знæгтæ сæ къæхтæ адаргъ кæной!.. Ацы сахат ныууадзут уæ «хъазын», æдылытæ, æрратæ, æнæсæт- -тонтæ! Кæд уæ фыды цæрмæстыгъд цы бакодтат, уый дæр куыста^й йе ’фсис афтæ нæ зыдта! Мах нæ уистæ кæронмæ ныххæццæ кодтам, нæ цæвджы- :ю
тæ æрсагътам æмæ æзфæраздæронæй нæ мадмæ атындзыд- там. — Джиджджи, раст ма зæгъ, æз æмæ Ванайæ чи лæгдæр у? — фæрсын æй æз. Мад фыццаг мæнмæ æрбакаст, стæй Ванамæ. Цыма нæ тæрæзтыл барста, уыйау, стæй бахудт æмæ сдзырдта: — Мæнæ уæ аходæны чи фылдæр бахæра, уый, — за- гъта мад æмæ нын аходæн æвæрыныл схæцыд. Мах уæдмæ нæ къухтæ ахсадтам, Вана фæзылд æмæ Сæрмæтмæ ныхъ- хъæр-кодта, уый дæр нæ ныхмæ чысыл фалдæр хуссары хос карста: — Сæрмæт, джиджджи дæ йæ аходæнмæ хоиы, фæстиат мауал фæкæн! — Джиджджи нæ, фæлæ мæ сымах фæхонут, лæгтæ сы- мах стут, — дзуры Сæрмæт къухисгæнæ. — Хорз уын æнтысы, хорз, мæ лæппутæ, лæджы иыхæй хид куы рацæуа, уæд хъуамæ истæй тыххæй. ... Ныр мæнæ, фарон ме ’фсымæримæ ерысы нæ кæрæдзи кæм расур-басур кодтам, уым та ногæй мæ цæвæг ныс- сагътон, цæуын мæ уисы фæдыл, мæ хъуыдытæ адзæгъæлтæ вæййынц. Фарон ам цард цыдæр æндæрхуызон уыд, боны рухс цыма ирддæр уыд, зæрдæйы алы къуым дæр тынг- дæр цыма рухс кодта. Ме ’фсымæр Вана дæр ныр цалдæр мæйы фыстæг не ’рырвыста. Фæскомцæдисон балцæгимæ ацыд Байкал- Амуры æфсæнвæндаг аразынмæ. Уыцы хабары фæстæ... Æз кæрдын хос æмæ мæ цæсты зул ахæссын нæ хъæуыл, арды- гæй мæм алцы дæр зыны худæвæрдау. Далæ, гъе, нæ хæ- дзар, цыдæр мæм пæ къухаууæтты æнкъард каст ракæны. Æвæццæгæн, хъуыды кæпы, ома йын исты æнтысы... Кæрды хос Сæрмæт дæр. Иæ цæвæджы æхситт фаронæй фæтынгдæр. Ссис аходæнафон, ноджыдæр хур цæуы уæлæмæ, уæлæмæ, мæ хъустыл ауад Сæрмæты хъæр: — Хазби, бирæ чи фæкуыста, уый дæр!.. — йæ дзырд кæронмæ нæ ахæццæ кодта, — фæуадз дæ кусын æмæ ахо- дæн бахæрæм. Æз æрлæууыдтæн, акастæн æм. Сæрмæт йæ цæвæг йæ уисы кæрон æрсагъта æмæ фæцæуы йæ мадмæ. Мад хъуы- вгъан æрцæттæ кодта, йæ хъæбулы куыстæй пæ зæрдæ бай- рад, хъæлдзæг æнгас не ’мбæхст йæ уарзæгон цæстæнга- сыл. — Мæ уис ахæццæ кæнон æмæ фæцæуын, — адзырдтон æм æз. Цалынмæ Сæрмæты къухтыл мад дон кодта, уæдмæ æз дæр фæдæн æмæ мæ цæвæг уисы кæрон æрсагътон. П
Цыдæр æнахуыр сагъæс мын ныццавта мæ зæрдæ. Фа- рон... Фарон ацафон раст мæнæ афтæ, ам дыууæ уисы кæрон æрсагъдæуыд дыууæ цæвæджы... Уæртæ уым лæууыд нæ мад æмæ иæ цинæй рад. Мæ хъустыл та ауадыстьг йæ фæл- мæн, фæлæ йæ нуарджын дзырдтæ: — Хорз уын æнтысы, хорз, мæ лæппутæ, лæджы ныхæн хид куы рацæуа, уæд хъуамæ — истæй тыххæй!» Ныр уыцы хъæлæс цы фæцис, цы фæцис!!! Мæ зæрдæ йæхи къултыл ныххоста. «Цы фæцис, джиджджи, дæ рæв- даугæ хъæлæс?!» — Мæхимидæг цыма ныхъхъæр кодтону цыма уыцы хъæрмæ дун-дуне базмæлыд, цыма бæстæ нып- къуыст, цыма фехъуыст мæ дзæбæх, мæхи джиджджимæ^ дæр æмæ мæм сдзырдта: «Мæнæ ис, мæнæ, дæ мады рæвдаугæ хъæлæс, мæнæ ам: ис, ам, дæ джиджджи!» — Иудзæвгар хъуыстон мæ мадьг фæлмæн, рæвдаугæ дзырдтæ, стæй æрæджиау, æрæджиау ме ’муд æрцыдтæн. Мæ цæст сабыр ахастон мæ алфæм- блайыл, стæй нæ хъæуыл, нæ хæдзарыл, æмæ фæстаг хатг мæ цæстытæ атонын нал бакуымдтой нæ хъæуы уæлмæрдæй, джиджджийы имгæнæй... Фаронацафон нын ардæм Ванаимæ аходæн схаста. Ныр æз лæууын æмæ кæсын уисы кæрон сагъд иу цæвæгмæ, æмæ нæ хъæуы уæлмæрдмæ... ФЫЦЦАГ ФЕНДÆИ Уыцы бон туннел къахгæйæ тынг бафæлладтæн. Мæнæп-ма. Ресы хох афтæ æнпондзырд куы уыдаид, уæд æй нæ фыдæлтæ дæндагæй дæр бахсыдтаиккой. Фæллад лæг тарф фынæй зоны. Тарф фынæйæ та лæг фынтæ нæ уыны. Уæдæ æз иæмæн федтон фынтæ? Ау, мæ* боны хæстæ уæлдайджынтæй куы алыг кодтон, метр мын за- гътой æмæ æртæ метры байгæрстон Ресы хохæн нæ айнæг гуыбын. Кæд, ?æгъын, Ирæй-Иры ’хсæн хæхты гуыбыньг рухс тагъддæр акæсид... Уæддæр диссаг у! Фын цæмæн федтон, фып? Ау, фæллад нæ уыдтæн æви? Æмæ уымæйдæр цахæм? Æнахуыр фын!.. Чидæр мæм дуар æрбакъуырцц-къуырцц кодта. Фыццаг æй ницæмæ æрдардтон. Чысыл рæстæг рацыд æмæ та уыцы чидæр йæ ми сфæлхатт кодта. Æрмæст ацы хатт чысыл са-: бырдæр æмæ уæздандæрæй. «Чи уыдзæн?» — Уайтагъд мæм февзæрд фарст. 12
Æз дуар бакæнон куыд загътон, афтæ дуар йæхæдæг æр- ’байгом æмæ мæм, цыдæр, арвы сæртæг æрттывды æнгас рухс æрбакалд. Мæнæн мæ цæстытæ атарытæ сты. Стæй сæ сабыр скастæн. Скастæн æмæ... Мæхимидæг андзыг дæн. Уæларвон зæд къæсæрыл лæууы æмæ сабыр, фæлмæн мæымæ йæ мидбылты худы. Сындæг къахдзæфтæ кæны æмæ мæм афтæмæй цæуы æв- вахсæй-æввахсдæр. Мæ сынтæгыл сабыр æрбадт. Æз хъуамæ рабадтаин, фæлæ мын зæд къухæй ацамыд- та, хуысс, зæгъгæ, афтæ мæ фæнды, хъуамæ дæм бирæ фæкæ- сон. «Мæнмæ, мæнæ мæнмæ, мæ хуызæн гобытъитæ лæппумæ? Мæ хъысмæт мыл æргом худы, хъазæнхъул мæ скодта». Загътон, фæлæ уæддæр æнхъæлмæ кæсын, дарддæр мын цытæ кæндзæнис. — Цы фæлмæн сæрыхъуынтæ дын ис, — змæнты мын сæ æмæ мын дзуры, — фæлмæн зæрдæйы хицау дæ æмæ уый дæ амонд у. «Цымæ уæд цæмæй, кæм, цы хъуыддаджы фæдæн амонд- джын?» — мæхи фæрсын æмæ ахæмæй никуыма ницы бан- къардтон. Уæдмæ та йæ фæлмæн, рæвдаугæ хъæлæс, æхцон музыкæйы зæлтау, айзæлыд мæ хъусты: — Æз дæ амонд дæн, ардæм мæ фæндонæй рацыдтæ кусынмæ. Мæ рагон бæллицц уыд: искуы мæ зæрдæ йæхи кæй рахуыдта, уый, зæгъын, ацы фæндаг аразгæ куы фенин. Иæ ныхæстæм ме уæнгты цыдæр, токау, ацыд æмæ мæ буар æгасæйдæр ныддыз-дыз кодта. Ахæм зæд, йæ рухсæй цæстытæ кæмæн тар кæнынц, уый мæн, хуымæтæджы ирон лæппуйы хоны «йæхи». Цымæ æцæгтæ дзуры? Уадз æмæ дзурæд æцæгтæ, æрмæст мæ хъазгæйæ дæр хонæд «йæхи». Цы фæлмæн æнгуылдзтæ йын ис, стæй йын куыд даргъ сты. «Азмæнт мын, азмæнт, ноджыдæр мæ сæры хъуынтæ. куыд хъарм стыде ’нгуылдзтæ». Мæ мид-зæрдæйы лæгъстæ кæнын зæдæн. — Цы нуарджын цæнгтæ дын ис, — мæ цонджы хæцъæф- тæ мын сгары æмæ дзуры, — ахæм цæнгтæм каст æнхъæлмæ Иры фæндаг. — Æртасыд, уалдзыгон талм уисау, æмæ мын мæ цонджы хæцъæфтыл иугай йæ былтæ авæры. Мæн æнахуыр арт ссудзы, ноджы мæм йæ фæлмæн, рæвдаугæ цæстытæ куы ’рбазилы, уæд мæхицæн бынат нал фæарын. Уый, мæ уæларвон зæд, банкъардта, мæ уæнгты, мæ дадзинты туг ивылдтытæ кæнын кæй райдыдта æмæ сы- стад, мæ цæстытæм мын нымдзаст. О, куыд^тыхджын уарзт 13
сæ æнхъæвзта, абызта! — Æз цæуын, — сдзырдта æмæ уæззау, æнæнкъуысгæ- йæ, фæцæуы дуарырдæм. Мæнмæ йæ тасаг уæхсчыты сæрты фæстæмæ ракаст, сабыр, рухс тынæппарæн худт бакодта. — Уæдæ цæуыс? — афарстон æй æнкъардæй? — 0, цæуын. Уыныс, мæ къах мæ дæ цурæй нæ хæссьь — Кæд ма дæ фендзынæн, стæй кæм? Чызг æрлæууыд, иудзæвгар ницы сдзырдта. — Мæ фенын дæ кæд фæнды, уæд дæ фæндагыл фæ- цырд кæн. Тыхсгæ ма кæн, æз дæу дæн, — загъта æмæ атын- дзыдта. Æз фестадтæн, йæ фæстæ тыргъæй ракастæн. Уый, мæ уæларвон зæд, сындæг æрхызтис асинтыл, æмæ кæрты рухс- калгæйæ фæцæйцыд хохырдæм. — Нæ цард кæд баиу кæндзыстæм? — ризгæ хъæлæсæй ног адзырдтон йæ фæдыл. — Дæ куыстаг куы бакæнай, уæд! — уыд мæ уæларвон зæды дзуапп æмæ стæй мæ цæстыты цыдæр æнахуыр рухс ■ссыгъд, цыдæр æнахуыр ныфс бацыд мæ зæрдæйы. Уыцы ныхасмæ æз атындзыдтон Ресы хохмæ — туннел гæрдынмæ... 14/У1-77. ДЫУУÆ ФЫСТÆДЖЫ I Абон æнахуыр фыстæг æрбафтыд постхæссæгмæ. Æр- тæкъуымон, хуымæтæг фыстæг, маркæ дæр ыл нæ уыд. Уы- мæн ма ницы у, фæлæ йæ чи хъуамæ айса, уый ном æмæ йыл мыггаг фыст не сты. Айсæт^ дам, æй горæт Цхинвалы æртыккаг астæуккаг скъолайы 10«а» къласы, журналы уæ- лейæ бынмæ ранымайгæйæ, фыццаг ахуыргæнинаг. Чи уы- дзæн, æмæ кæй агура? Фæзынди та постхæссæгæн, цæуыл сагъæс кæна, уый. Æрбацыд скъоламæ, агуры кълас, стæй фыстæджы хицауы, йæ алыфарс амбырд сты ахуыргæни- нæгтæ. Уайтагъд æмдзыхæй сдзырдтой: — Абайты Хандзериффæ, Абайты Хандзериффæ, фы- стæг дæм!—уыцы ныхæстæм ахуырдзаутæ постхæссæджы раз гуырвидыц, рæсугъд чызджы балæууын кодтой. Постхæссæг дæр йæ цæстытæ хинæйдзаг цъынд æркодта> афтæмæй чызгыл йæ цæст ахаста, æваст æй, цыма, тæ- рæзтыл барста, уыйау, стæй йæ мидбылты фæхудт: 14
— Уæдæ уый ды дæ? — ноджыдæр та хинфарст акодта чызджы æмæ йæм æртæкъуымон фыетæг радта, хохаг, зæгъ, дæм фыссы, æмæ та йæ цæстытæ ныцъцъынд кодта, йæ мидбылты та бахудт æмæ ацыд. — Æ, зæронд гæмми, — йæ фæстæ адзырдта чызг, — ды куыд æнхъæл дæ? Ахæм фыстæджытæм æз мæ къух дæр нæ фæкæндзынæн... Ай-айдæр, ахæм фыстæг Хандзериффæ нæ бакæсдзæн... ахуыр кæны, ахæмтæм æй нæма ’вдæлы. О, фæлæ ацы фыстæг нырмæйы фыстæджыты хуызæн нæу, куыддæр уæззау у, куыддæр, цыма, судзы, цыма, ара- уы. Афтæ кæсы чызгмæ. О, фæлтау æй куынæ райстаид, чизоны... Æвзонг зæрдæ... йæхи къултыл хойы, дзуры йæм: райхал-ма уыцы хохаджы фыстæг. Фенын мын æй кæн, чи у, цы йæ хъæуы, цæмæй дæ зыдта, цæмæн дæ æрцагуырдта хæххон лæппу? «Райхал æй тагъддæр, ма тæрс!» —ныф- сытæ æвæры æрыгон чызгæн. «Нæ, уый нæ уыдзæн, нæ йæ бакæндзынæн, нæ мæ хъæ- уы. Цы кæнын æнæзонгæ, хохаг лæппуйы фыстæгæй, ап- парон æй». — Дзуры æрыгон чызг... фæлæ уый цавæр фы- стæг у, мыдадзау къухтыл нындæгъдис, цалдæр хатты йæ бахаста бырондонмæ, цалдæр хатты загъта: «Ныппарон æй», фæлæ цы хæйрæджы фæлдыст у, къухтыл нындæдзы, æнгуылдзтæй фæхицæн кæнын нæ комы. Диссаг, дзыппы йæ нывæры, арф æй æрныуæрды, фæлæ та кæуылдæрты армы дзыхъхъы февзæры, æмæ та æрыгон чызджы къухты, æвзонг бæлоны лæппынау, спæр-пæр кæны. Фестъæлфы, цыма, йæ къухты давæггаг ауыны, уыйау, фефсæрм вæййы. Тагъд-тагъд æй чиныджы хуылфы амбæхсы. Фæлæ та уым дæр нæ лæууы. Чиныгæй дæр та рахизы æмæ та февзæры чызджы къухты. — Циу, цы уыдзæн? — дисы бафтыд Хандзериффæ,— уæд та йæ бакæсон æмæ дзы ахæм исты куы уа... мыййаг,. къæбæда-хохаг... цы нæ вæййы... о, фæлтау уал лæууæд... Афтæ бæргæ фæзæгъы, фæлæ диссаг, æртæкъуымон фы- стæг йæхион домы: «Бакæс мæ, бакæс мæ!» — дзуры чызг- мæ, æнцой йын нæ дæтты. Ныр уроктæ фесты. Æвæдза, абон куыд ныддаргъ сты, кæрон сын нал уыд. Фæцæйурс кодтой чызджы цæстытæ æнхъæлмæ кæсынæй. Ныр фесты æмæ хæдзармæ фæцæуы, йе ’ртæкъуымон фыстæг уым бакæсдзæнис хибарæй, куыд ничи йæ бахъыгдара, куыд ничи йæ фена, афтæ. Фæлæ кæм ис уый фадат, мад хæдзары ис, уый алцæмæ йæ хъус дары. Хъуамæ зона, йæ хъулон чызг цы ми кæны, цы фæрси^ цы аразы, цы фыссы. Мад искуыдæм ацæудзæн, фæлæ уый 15
.æгæр æрæгмæ у. Уæдмæ чызджы зæрдæ нал лæууы. Æмæ ма афтæ та кæд кодта? Йæ мадæн куы никуы ницы. сусæг кодта* уæд ныр уый цы хабар у? Стæй йæ мад мыййаг куы фæфиппа- йа, уæд цымæ цы зæ,гъид? Хъыг ын нæ уыдзæн? Нæ зæгъ- дзæн?.. «Мæ чызг, афтæтæ мын куыникуы кодтай. Мæнæй цы- дæр æмбæхсыс?»—Базондзæн æй мад. Сусæг фæкæнынц æрыгæттæ сæ уарзондзицад. Мад æй бафиппайдзæн: — Мæ чызг, нырма дын уыдæтты афон нæу! О, фæлтау, ацы фыстæг, басудз, æртхутæг фест, дæ кой, дæ хъæр дæр куыд нæуал уа адунейыл. Атыхта йæ йæ армы дзыхъхъы, рахæцыд пецы дуарыл, фæлæ та диссаг. Пецы суг баппæрста, æмæ гæххæтт армы дзыхъхъы баззад. Ба- цыд уатмæ, сусæгæй йæ райдыдта «иту» кæнын. Мад кæдæмдæр ауайын æрымысыд, цыдæр загъта, уый, дам, хъуамæ балхæнон. Чызг æй æмбаргæ дæр нæ бакодта, фæлæ йын уæддæр йæ сæрæй дзуапп радта, ома хорз, æз ам уыдзынæн, дæ зæрдæ мацæмæ ’хсайæд. ...Ныр сæрибар у, уаты ничи ис... Райхæлдта ризгæ къухæй фыстæг. ,Раст, цыма, искæй æхгæд, хæзнайæ едзаг чырыны дуар кæны, æмæ йæхицæн æрбаййафынæй тæрсы, уыйау ризы. — Куыд хорз къухфыст у, тæхуды... — сдзырдта чызг фыстæджы фыццаг рæнхъытæм æркæсгæйæ. Кæд, мыййаг, нывгæнæг у. Æмæ дæсæм къласы ахуыргæнинаг, хохаг уый дæр, кæм снывгæнæг уыдаид? Куыд аив, куыд хъавгæ фыст у. Стæй цы рæсугъд дзырдтæ... цы арф хъуыдытæ... — Уæдæ нæ къласы лæппутæй афтæ уæздан, афтæ къæм- дзæстыггæнаг цæуылнæ исчи у? — зæгъы чызг. Йæ цæсты- тыл ауад цахæмдæр, зæдыхуызæн, цыма йын снывгæнæн дæр нæй, ахæм æвзонг лæппу. Стæй куыд фыссы, æз, дам, горæты никуыма уыдтæн. Цымæ куыд дарид-йæхи? Дзæ- гъæлгаст нæ фæуаид горæты рæсугъддзинæдтæм ракæс- бакæсæй? Æммыст æм бакæс искуыцæй, æммыст æй фен.' О, нæ, нæ! Уый цы загътон? Зæгъдзæнис, горæттаг рæуæг чызг, мæ иу фыстæгæй йын йæ сæр разилын кодтон. Стæй нæ зæгъид, цымæ, æппæт горæттаг чызджытæ иууылдæр ахæмтæ сты. Мæхиуыл цæмæн дамтæ кæнын, фыстæджы ахæмтæй куыницы ис. Уый æрмæст фыссы: горæттаг фæ- сивæдимæ, дам, мæ фæнды бастдзинад дарын. Ауылты (йæ хъæуы кой кæны) сæрдыгон бонты æрвылхатт дæр ахизынц мингай туристтæ. Æз, дам, бирæ хæттыты семæ ахызтæн нæ урссæр хæхтыл. Уæвджийæ, куыд рæсугъд сæ хоны, дзæнæт, дам, мæрдтыбæсты ис, уый мæнг у. Дзæнæт, дам, 16
ам’уæлæуыл и’с. Иры’, Ирыстоны. Каей нае уырны,-уый, зæгъ, нæм рацæуæд æмæ йæ йæхи цæстæй фена. 0; йæфйстæджьгæппæт’куыд’æргомдауры, хæххон суа- донау, йæ хъуыДытæ каерæдзй фæдыл цаеуынц рæс’угъдæй^ цыма йае фарсмæисчи’ йс аем’æ’уыймæ ныхас каены. Тæхуды æ’мае йæм хъусынæй бафсæд. Фæлае мæнæ аерхаёццæ фæстаг хъуыдыуæттæм... Иае’хъуыдытæ дзьГсæмтъери сты, йе ’взаг дæр, цыма, ныххауд, ,фæрсын нал фæразы. Алы дзырды4фæ- стæ бирæ тæппытæ; Даёхаедаег, дам, сыл ахъуыды каен... Кæд; дам^ лаеппу уай; уæд д’ын — хбхаг аефсымæр. Кæсыс, куыд фидарæй дзуры. Цымае аегæр л’аеджы ныхæстаё нæ кæны? Бæгуыдæр! О, уЫй афтæ фот~ фаелае мæна^ КУЫД фыссы ноджы. Кæд, даКг.. (Хуыцауы4, зæгъ,' куьГ бафæндид) ацы фыстæг чи’ айса’, уый чызг уа".. Æ’мæ уым æвзæрæй цы ис? О, чызг разынд, æмае’ дар’ддæр? Дарддæр? Дарддæр ницы. Нæ, гъей, хæххон!.. Ды дæ бйрæ таеппытæй æппæт дæр загътай... , . Таеппытæ, тæппытае,1, бирае’ таёппытæ.'.. Цы диссаг сты, цы диссаг, цаемæн’ уЫл’ андаёгъд æрыгон чывджы’ зæрдæ? Иæ цæстытæ сæ фæхицаён кæнын цу'ылнæу.ал коМынц? Стæй йын йæ зæрдæ цыдæргъУызон’ куыд саенкъуысын кодтой, æмæ рис дæр куы нæ у, цйн" уа, æ\мæ цæуыл цин кæны, чидæр, æнæзонгаё х&ххон4 лæппу’ «бастдзинад»' аразы го- рæтимæ. Фæнды йае’, искæимæ зо’нгае^ куйуаид, æмæ æр- фыста фыстæг. Иæхæдæг куыд.æ’нхъаёл’ уыд,* афтае нæ, фæлæ фыстæг номхыгъдмæ’ гæсгæ Абайты Хандзёриффæмæ æр- бафтыд. Ныр чызг фы’стæг раихæлдта, бакаст’аей, æмае йын йæ зæрдæ æнахуыр зынгæй ацарыдта; Цымæ куыд? Зæгъгæ куы ницы кодта. Æрмæстдæр йæ фыстæджы кæрон ризгæ къухæй цы тæппытæ æвæрд уыд, уыдонæй дарддæр. Но- джы фæдзæхсы, мæ фыстæг кæд нæ фæхæццæ уа, уæд цы кæнон, фаелæ йæ кæд искуы исчи айса, уæд-иу мæм дзуапп рарвитæд. Мæнæ ахæм адресыл: Ручъы хъæу, Плиты Азæ- мæтмæ. Кæсыс, дзуапп ын’ куы раДтид’Хандзериффæ, уый йæ фæнды. Хандзериффае афтæтæ ник’уы-ма кодта. Æмæ ныр дæр нæ бакæндзæн. Æнæзонгæ лаёппумæ уый фыстæг нæ ныффысдзæнис. — Уый никуы уыдзæн! Уымæй дæ гал — æгаёвдæс!— йæ цæстыты хаутæ зæлдаг хызау уырдыгмæ’ аеруагъта, фыстæ- гæн, цыма, искуыдæм атæхынæй’ фæтарст, уыиау æй йæ армы дзыхъы æрбатыхта, афтæмæй зæгъы чызг. . — Нæ, нае ,фендзынæ, хохаг, мæ фыстæг, уыйдын нæ бантысдзæн. Фæлтау ныффысс- нæ къласьгхуыздæр ахуыр- гæнинагмæ. Зоныс чй у, Тедет’ы Алисае; стæй-куыд рæсугъд у, уый куы ъот^ТШ^^^ж^^у^^ш, уæд æй наиайæн, 2.'Харебаты Л. 17
ныр нæ, фæлæ искуы фæчындз кодтаин. Зоныс, хохаг, уый мæнæй рæсугъддæр у, ахуыры та йын æмсæр нæй. Мæ цæст дын уарзы, ахæм горæттаг чызг дæ хуызæн уæздан лæп- пуйы уарзон уа. Кæс-ма, кæс, «уæздан» æй рахуыдтон, фæлæ йын цы зонын, уæздан у æви æнæхсæст. Кьухфыстмæ гæсгæ, æмæ уый цы?.. Кьухфыст, æз кæй зонын, уыдонæй бирæтæн ис хорз, фæлæ гобытъитæ сты! Цы сæм ис уæз- данæй? Фæлæ нæ, хохаг сыл фæтых уаид. Уый, æвæццæгæн, уыдонæй нæу. Фæлæ ма ’нхъæлмæ кæсæд, нæ фендзæнис уый мæ фыстæг. Æз ын бацамыдтон мæхицæй хуыздæр, уындджындæр чызджы, уымæ фыссæд. Алисæ хорз ахуыр кæны, æнæниз, йæ бакастæн дæр у даринаг: хæххон сæгуы- тау — йæ фезмæлд, булæмæргъау йæ дзыхы ныхас. Уый равзар. Æз цы дæн Алисæйы цур. Фехъуыстай, дыккаг фыстæг мæм макуыуал ныффысс! Мæнмæ ма ’нхъæлмæ кæс, æз дын дзуапп нæ ратдзынæн. ...Бонтæ, бонтæ, куыд сындæг цæут, кæд уæ уызын йæ фæдыл нæ ласы! Уый цавæр у, фезмæлут, феггуырсут, нæ хатут æппын!.. Дыууæ ранæй уын уæ фæзындмæ дыууæ æрыгон уды куы бæллынц. Æмæ постхæссæг дæр, постхæс- сæг... Цыдæр æндзыг ыл бафтыд. Бон хъуамæ æртæ, цыппар хатты фæзынид, бон æртæ цыппар хатты радтид хохаджы фыстæджытæ Хандзериффæмæ. Уæд хорз постхæссæг бæргæ уаид! Фæлæ диссаг, цæмæн бауарзта чызг ацы къуылых постхæссæджы? Иæ уынд ын цæмæн фæадджын? Уæвджы- йæ, куыд хорз стут, постхæсджытæ!.. Зонут, Хандзериффæ сымахæй фылдæр кæй никæйуал уарзы, уый? Нæ, нæ йæ зонут, нæ! Æндæра йын уæхи уæддæр æвдисиккат рæстæ- гæй-рæстæгмæ. II — Азæмæт, ам дæ цы? — бадзырдта Сона йæ фыртмæ. — Ам дæн, Нана! — фæтыхст Азæмæт, цыма мад æп- пæтдæр базыдта, уыйау. Абон цы фыстæг райста, уый тагъд- тагъд адыдæгътæ кодта, йæ дзыппы йæ авæрдта æмæ æд- дæмæ рахызт. — Мыййаг дæ исты риссы, дæ цæсгом туджы куы зилы? — Нæ, нана, афтæ æнæуый дæн, — ноджы ныкъæмдзæ- стыг Азæмæт. -^-Уанцон нæу, цы федтай уыцы чингуытæй, скъолайæ æрбацыдтæ æмæ нырма къæбæр нæ бахордтай. — Нана, афтæ æнæвдæлон дæн, æмæ... Дыууæ боны ма 18
мын баззадис æмæ мæ докладыл нырма кусын хъæуы. Ахуыргæнджытæ мын загътой, хъуамæ, дам, чиныджы ав- торы дæр æрбакæнæм диспуты рæстæджы. — Æмæ кæд афтæ у, уæд доклад аразын дæуæн цæмæн , бахæс кодтой? Мыййаг, цы нæ вæййы, уæд та нæ сарæхстæ... — Мæхи дæр нæ фæндыд, фæлæ мы’н æймæ ахуыргæ- нæг бахæс кодта, ахуыргæнинæгтæй, дамэ дæуæй хуыздæр , нрон литературæ ничи зоны. Зоныс, нана, цы хорз адæймаг у нæ ирон литературæ æмæ æвзаджы ахуыргæнæг? — Æмæ йæ æз нæ зондзынæн, кæцы у, иууылдæр дьш куы зонын дæ ахуыргæнджыты? — Не ’нхъæлдæн, нана. Нырма хæрз æвзонг у, ацы аз фæцис каст педагогон институт. Зоныс, нана, мæ цæсты куыд .скадджын нæ пединститут, уыцы ахуыргæнæг нæм куы ’рбацыд, уæдæй ардæм. Тæхуды, æз’дæр уый хуызæн ахуыргонд куы суаин! Мах æй фæсномыгæй удæгас энцик- лопеди хонæм. Цæмæйфæнды йæ бафæрс, цыфæнды куыст дæр ныууадзы æмæ нын ратты дзуапп. Тæхуды, афтæ хорз зон ирон адæмы цард! Зоныс, нана, фыццаг бон скъоламæ , куы ’рбацыд, уæд чидæртæ ахъæвтытæ кодтой, зæгъгæ, йæ амæстæй марæм, фæлæ сын уый уайтагъд сæ дзыхтыл цъут- татæ ^вæрдта. — Куыд? Æртхъирæнтæ сæм бакодта, нæмгæ дзы ис- кæй фæкодта? — Нæ, нана, уый нырма иунæг тызмæг’ ныхас дæр ни- кæмæн загъта, æрмæст йæ зынг цæстытæй цы цæхæртæ ракæлы, уыдон судзгæ кæнынц, судзгæ! Фыццаг бон мах иууылдæр тынг æнхъæлмæ кастыстæм йæ фенынмæ, алчи дæр ын йæхирдыгонау ныв кодта йæ фæлгондз. Къласмæ куы ’рбацыд, уæд ын мах æмхуызон сыстадыстæм, уый ныл йæ цæст ахаста, не ’мбæлттæй ма иу не сыстад. Ахуыргæнæг ын ницы загъта, уый надæй фыддæр уыд: Райсом, дам, йæхи нæ ныхсадта æмæ цæстæй нæ кæсы, фæлæ йын йæ хъусы бадзурут къласмæ, дам, чидæр æрбацыд... Мах иууылдæр ныххудтыстæм, фæлæ ахуыргаенæг нæ бахудт æмæ мах дæр уайтагъд басабыр стæм. Зоныс, нана, куыд фефсæрмы не ’мбал. Уайтагъд хатыр ракуырдта ахуыргæнæгæй. Махæн фадат нæ радта, цæмæй йæм лыстæг фæкаста- иккам. Уый уайтагъд райдыдта дзурын æмæ ма йын ка- стыстæм æрмæст йæ дзыхмæ, Уыцы урокæй цыбырдæр нæм нырма урок никуы фæкаст. Кæд та уын уый дæр аргъæуттæ кодта, уæд куыд нæ уыдаид цыбыр урок! 19
— Нæ, нана, уый нын йæ; фыццаг дзырд.райдыдта: «Сымах фехъуыстат Æгъуызаты Иуанейы кой?» — Нана, æгæр та. дзурын,, а! — фæлæ- йæм искуы дæр куы байхъусис. — Байхъусдзынæн.æм, æ.нæмæнп æм,б,айхъусдзынæн. — Стæй, нана, ардæм цæрынмæ куы рацыд, уæд æм уыдис æрмæстдæр чингуытæ æмæ чингуытæ., Æз хъуамæ суон уый хуызæн. — Хорз, мæ хур, фæлæ уал къæбæр бахæрæм. Азæмæт æрбадт фынгыл, йæ цæстытыл ауадысты йæ фидæны бонтæ... Фæлæ диссаг,гдзыпмæ февнæлдта.æмæ йæ цыма, исты басыгъта, афтæ фестъæлфыд, фæсырх, фæкъæм- дзæстыг та- ис. Цы зæгъид нана? Куы ба-зонид, мæ дзыппы — кæйдæр фыстæг?.. Уайтагъд та мыл ныххуырсид — «тæвд, дæм, уы- дис æмæ уæдæй ардæм дзæгъæлтдæр/уымæн дзырдтай». Азæмæт хæрды фæстæ йæ мадæн- арфæ загъта, стæй йæ афарста: — Нана, мыййаг, мын исты, хæакæныс, кæннод мæ не ’вдæлы. — Ницы,мæ къона,.ацу æмæ дæ хъуыддаг кæн. Лæппу йæ уатмæ бацыд; афснайдта йе стъол æмæ æр- бадт. Систа та, æрдæбон йæ тыхстæй цы фыстæг. аууæрста, уый. Алæгъзытæ йæ. кодта,,æмæ та,йæ,ногæй кæсы... Цы хорз дæ, æвзонгад, уарзондзинад, цард! Тæхуды се ’ртæйæ бафсæд., Цæуылдæр фæдудт Азæмæт. йæ цæстыты раз слæууыд горæттаг чызгг, йæ къæлæс æрфгуыты, сатæг- сау цæсты гагуытæ, даргъ. цæстыхаутæ. КъæМдзæстыгæй йæ мидбылты фæхудтæмæ. йæм,уъш дæр.бахудт. Иудзæвгар алæууыдысты æнæдзургæйæ, стæй,йæм Хандзериффæ сдзы- рдта: — Хохаг, дæ фыстæг дын,райстон! Азæмæт фæтыхст, мыййаг ын уайдзæфтыл куы- схæца. Фæлæ нæ,уХандзериффæ уайдзæфтæмæмхиц.нæу. Ноджы.та.сфæлхат кодта: I —Хохаг, дæфыстæг дын райстон!—æмæ та ныхъхъус, ницыуал та дзуры. — Цы ма зæгъинаг дæ, цæй-ма;.зæгъ-ма исты... 4— хаты. йæм Азæмæт., — О, æз.фыстон! æцæ>г, уый ды. дæ,,.Хандзер.иффæ? — цингæнгæ дзуры.Азæмæт.,—Куыд,хорз/у.цард,, куыд хорз у цард! Цинæй тыхулæфт кæны, афтæмæй<кæсы чызджы æрттиваг, сау> цæстытæм. Нæ,,уый Хандзериффæ нæу, уый уараты зынг, уарзты судзгæстъæлфæн бацыд.чызджььхуы- 20,
зы æмæ ныр Азæмæт уый уыны. Уыимæ ныхас кæны, уый уайы йæ цæстытыл. Чызгбирæ й’æ дзуры, ’æрмæст уайдзæ- фæн дæтты афтид, æнæфыст сыф Азæмæтмæ: — Мæнæ дын гæххæтт æмæ-иу дæ куы ’вдæла, кæд ма иу дæ горæтмæ фыстæг фыссын бафæнда, уæд-иу дæ мæ адрес ма ферох уæд. Ноджы дæр та цинæй сырх афæлдæхтой Азæмæты уа- дултæ... Азæмæт райста гæххæтт, æнæфыст гæххæтт æмæ рай- дыдта фыссын. Фыссы хъавгæ, йæхи хъахъхъæны, маць^ срæдийа, ма зæгъа æрыгон чызгæн алæмæттаг æхцондзи- над: «Хандзериффæ, мæ зынаргъ». Дзуры йын йæ х’абæрт- тæ. Дзуры йæ хъуыдытæ. Мæнæ фæстаг рæнхъытæ: «Гайтма мæ фыццаг фыстæг нæ фесæфт...» УАЗДЖЫТÆ Тъонтъобеты хъæумæ сосæвæндаг нæма уыд, Дзауæй йæм цыдысты къахæй. Суайын та йæм дзæвгар хъуыд. Мах уæд нæ тæккæ тыхыл уыдыстæм, æвзонг адæймаг æмæ расыг лæгæн дснджыз — уæрагмæ. Хъазгæ-худгæ сфар- дæг стæм Уæллаг Тъонтъобетмæ. Нæ фысым Хъоцытæй уыд, цыдæр бæрæгбоны фæдыл сæм сæвджын фынг сæй- йæфтам, тынг ныл бацин кодтой. Ирон лæгæн йæ къухы куыницы уа, уæд дæр уазæгыл цингæнаг у, стæй ма йæм кусарт куы уа, уæд та йын бынтон æмбал нæй. Фысыммæ мах разæй чи ’рцыд, уыдон, цыма, чысыл бахъæлдзæг сты, ирон бадтарахъ æмæ сын хуымæллæгджын сау Сæгæны — сæ уадултæ туджы разилын кодтой. Фысымтау ныл уазджытæ дæр æхсызгонæй сæмбæл- дысты, уайтагъд нын æмбæлæггæгтæ лæугæйæ адардтой. Æрбадтыстæм æмæ та нæм ногæй бахатыдысты: «Уе ’рба- цыд,мæ цы акуывтам, ууыл сразы ут». Мах дæр фæтк кæм фехæлдтаиккам, цы нын дзырдтой, уый арæзтам. Ме ’мбал Саламты Ахмæтæн йæ цæсгом æгасæй дæр хурау худти. Фынгыл гуыххæл у, фæлæ абадын, аминас кæнын уарзы. Æмæ ныр, ахæм нæртон фысымтыл фембæл-.* гæйæ, схъæлдзæг, стæй нæртон фынджы алыварс чи бадт, уыдонæй дæр йæ зæрдæ рад. Паддзахады стыр бандæттæй дæр æй дзæбæх къæлæт- джын фæцис, областы социалон ифтонгады хайады хисдæры бынат мæнæ нæй. Уый уын Ахмæты кой кæнын. Нæ фысым дæр нæ кармæ гæсгæ уыд, фæлæ йæ цæстæн- 21
гасыл бæрæг уыд, цыдæр ма йын нæ фаг кодта, цыма аив- тæй кæйдæр агуырдта. Мыййаг фынгыл нæ, йæ цæст æдзух кæртмæ дардта. Цы зонын ма мын æй хъуыд, кæмæдæр æнхъæлмæ каст. Уый та фылдæр уымæй бæрæг уыд æмæ йæ уазджыты хын- цыныл нæ тагъд кодта. Цымæ чи уыдзæн? Мæхимидæг мæм гуырд фарст. «Нæ фысым цыдæр кæны», — Ахмæт дæр мын ^мæ хъусы æрба- дзырдта. Фæлæ уæдмæ фысымы цæсгом фæирд, кæрты фæзынд зæронд лæг. Фысым уайтагъд фестад æмæ уазæджы размæ рауад. ’ * — Баба, уазджытæ дæумæ кæсынц, Цхинвалæй дысон хъуамæ æрбаздæхтаис æмæ..*—Æддейæ нæ фысымы хъæл- дзæг ныхас мæ хъустæ ацахстой. Уæдмæ «уазæг» дæр фæзынд — нæ фысымы фыд, фысы- мыфыд нæ, — фысым йæхæдæг. Зæронд адæймаджы бирæ уарзын, йæ дзыхы ныхас, йе ’гъдау мыл алыхатт дис æф- тауы. Не ’взонг фысым «баба» кæй рахуыдта, уый та уыд бынтон уæздан зæронд, йæ цухъхъайы æвзистсæр бæрцы- тæ цæхæртæ калдтой, йæ дæргъдзæсгомыл урс-урсид за- чъетæ диссаджы аив бадтысты../Куыддæр мидæмæ ,æрба- хызт, афтæ йын уырдыг слæууыдыстæм. — Бадут, бадут, мæ хуртæ, ма ’фсæрмы кæнут, — уæз- данæй нæм бахатыд æмæ цыма мах нæ, фæлæ нын уый бадтис нæ фынгыл, уыйау чысыл фæкъæмдзæстыг. , — Алыхатт дæр-иу хорз фæндæгтæй здæхай, Хъырым, — уазджытæй хисдæр чи уыд, уый йæм сыкъа авæрдта. — Ай нæм мæнæ цы хорз фæсивæд æрбамбырд, Уый куы зыдтаин, уæд дысон мæ фазыл быргæйæ дæр никуы ныллæууыдаин. — Уыцы ныхæстæм Хъырым йæ цæст уаз- джытыл рæвдаугæ ахаста. Мæнæй йæ цæстæнгас куы атыд- та, уæд нымдзаст Ахмæтмæ. Цыдæр ын, цыма, йæ зæрдæ фелхынцъ кодта, фæлæ хæххон лæджы зæрдæ хæхтау па- рахат æмæ уæзбын у. Æддæмæ нæ равдыста йæ зæрдæйы равг. Уыйхыгъд Ахмæт йæхицæн бынат нал .ардта. Раст цыма сындзытыл бадт, уыйау йæ бынаты рафт-бафт райдыдта. Чысыл-ма абадт æмæ йæхи дуармæ расайдта... , Цасдæр рæстæджы фæстæ фысымты чысыл лæппу йæ зæронд дадайы хъусы цыдæртæ адзырдта. Уазæг, дам, аф- тæ, бахатыр, дам,- мын кæнут... >—Æмæ ныр цы фæци? — Хъырым ныфсæрм, афтæмæй афарста лæппуйы. — Ацыд, — уыд цыбыр дзуапп. 22
— Æй, куыд ын амардтæн, лæппу, ды та цы фæдæ, фы- нæй бадæ? — Хъырым бауайдзæф кодта не ’рдæбоны æв- зонг фысымæн. — Фæлтау мæ къах куы асастаид æмæ абон мæ хæдзарыл куынæ сæмбæлдаин. Бæхтыл абадут æмæ мын мæ уазæджы фæстæмæ мæ хæдзарыл сæмбæлын кæ- нут! ...Цалдæр минуты мидæг дыууæ æвзонг лæппуйы цъæ- тæлвæст бæхтыл сæхи уырдыгмæ цæргæсау рауагътой. Уай- тагъд уазæджы раз сæ бæхтæй æргæппытæ кодтой. Ахмæт хорзау нал фæцис, фæсæццæ. Ирон лæгæн хабар цы бам- барын хъуыд. Иæ фæстæ йын сæ рарвыстой. — Лæппутæ, — дзуры Ахмæт, — уæ лæггад мын бирæ, фæлæ æз фæстæмæ нал аздæхдзынæн. Уæ дада Хъырымæн- иу мæ номæй зæгъут, цалынмæ. дам, дæ разы мæ цъыфæй- дзаг цæсгом ныхсон, уæдмæ, дам, мæм ма ’нхъæлмæ кæс. Лæппутæ уæлдай ницыуал загътой, уазæджы сосæвæн- дагмæ- ныххизын кодтой, машинæйыл æй сбадын кодтой, стæй тæргæ бæхтыл къæмбыртыл, æхст фатау, стахтысты. Хæдзары Ахмæты фæдзæхст куы загътой, уæд Хъырым иудзæвгар сдзурын нал сфæрæзта, фæстагмæ йæхи æрæм- бæрста æмæ ныл диссаджы цин фæкодта. Махæй ничи ницы зыдта дыууæ лæджы хабарæн, фæ- стæдæр мын Ахмæт йæхæдæг æппæт дæр куынæ раргом кодтаид, уæд. — Хъырым нæ фысым разындзæн, уый æнхъæл никуы уыдтæн, — дзырдта мын Ахмæт, — йæ фенгæйæ, цыма уыцы нæртон фынгыл цъыф хордтон, афтæ мæм фæкаст. Цалдæр хатты мæм æрцыд, мидхæсты партизанон тохты хайад кæй иста, уый тыххæй. Мæнæй домдта æххуыс, цæмæй йын пе,р- соналон пенси снысан кодтаиккой... Æз та... Æз та, æвæц- цæгæн, ацы бынаты рабадыны онг нæма сырæзтæн... Ахмæты ныхæстæй бæрæг уыд: йæ зæрдæйы цæуы эво- люцитæ æмæ мын уый æхсызгон уыд. — Мæнæ мæм цахæм дзуапп æрæрвыста, — Ахмæт йæ дзыппæй систа нырмауал йæхи фыстæг, стæй та Хъырымы дзуапп. Ахмæт Хъырыммæ фыста: «Хъырым, ныххатыр мын кæн, цалдæр боны мæм фæцыдтæ, фæлæ дын дæ хъуыддагмæ яикуы &ркастæн, ныр дæ ардæм цæуын нал бахъæудзæн, цы документ мæ куырдтай, уый æввахс рæстæджы райс- дзынæ. Ахмæт». «Дæ фыстæг æмæ æз цы документ куырдтон дæуæй, уыдон райстон уыцыиу рæстæджы,.— фыста Хъырым Ах- мæтмæ, — бузныг, æппынфæстаг, дæхи мæн тыххæй кæй 23
батыхсын кодтай, фæлæ æз дæуæй хисдæр дæн, дæуæй фыл- дæр фæцардтæн, æмæ уæдæ уынгæ дæр фылдæр ,фæкодтон. Уый тыххæй дын цы зæгъинаг дæн: ды ’ныртæккæ адæммæ дæхи куыд дарыс, уый ма дарддæр дæр афтæ куы уа, уæд дын æй цы сусæг кæнон, уыцы бынаты аккаг лæг ,нæ дæ. Мæ хъуыддаг мын сараздзынæ, у’ымæй адæмы уæлвæндаг нæ фæкæндзынæ. Дæ зæрдыл дар мæ фæдзæхст: «Иу дзы- вылдар уалдзæг не ’ркæны». Дæ хорзмæ бæллæг -Хъырым». -МА МЫН ДЗУР * Знон хос карстон. Мæ унс кæронмæ ахæццæ кодтон, мæ цæвæг æрсагътон æмæ стæй мæхи уæззау æруагътон нæууыл. Цыдæр æхцондзинад æнкъардтон, мæ цæнгтæ кæд фæллад уыдысты, уæддæр зæрдæ рад. Мæ хъуыдытæ та сыстадысты, хæххон цæргæстау, æмæ акæс ды уыдонмæ, арвы тыгъдады зилдух кодтой, стæй- дæ цыма искуыцæй ауыдтой, сæхи де ’рдæм уыцыиу æппæрст акодтой. Ныййа- зæлыдысты та мæ хъусты дæ ибоны ныхæстæ: «Не ’хсæн ницы уыд». Цымæ дæ цæмæн бахъæуы алыхатт хи фæдзæх- сын? Нæ кой куы ничи кæны, æмæ, растдæр зæгъгæйæ та, дæ кой. Æз дæн æмæ мæхимидæг цы хъуыды кæньш, ууыл контроль кæнын нырма никæй бон бауыдзæн. Дæумæ цæ-^ мæн диссаг кæсы, æмæ дыл æз мæхимидæг бирæ кæй хъуы- ,ды кæнын. Уадз не ’хсæнмацы уæд, фæлæ цымæ уымæй раст уаиккам? Нæ! Не ’хсæн уыд хæлардзииад, цыдæр ахæм: дыууæ зæрдæйы кæрæдзимæ чи ’рбалвасы. О, уый æгæр у. О, фæлæ уæддæр æнгæс цыдæр. Дæу фæндыд, æдзухдæр мæ куы уыдтаис, искуыцæй мыл дæ цæст куы хæцыдаид, бирæ нæ, бон иу хатт уæддæр. Æмæ уæдæ не ’хсæн ницы уыд? Не ’хсæн уыд адджын ныхас, фæндыд нæ кæрæдзийæн нæхи тыххæй бирæ, бирæ куы дзырдтанккам. Ды хатыдтай, мæнæн-иу куыд зын уыдис, куынæ-иу дæ федтон, уæд. Ныр ма цы, ныр нæ фæндæгтæ ахицæнтæ сты. Баиу ма уой? Ада-а! Геометрийы закъонмæ гæсгæ дыууæ параллелон хаххы кæмдæр, æгæрон дун-дунейы искуы баиу уыдзысты. Тæхуды, ’мæн уый ныфс дæр нал ис. Бонтæ афтæ тагъд цæуынц æмæ нын нæ кæрæдзийæ нæ полюстæ афтæ дард хæссынц æмæ сæм мæ дæндæгты хид акæлы. Цæмæн уæд^æр, уый дæхæдæг.базондзынæ, кæннод та æрфиппай- дзынæ. Ды дзурыс: «Не ’хсæн ницы уыд» æмæ тæрсыс дзырд «уарзт» авд дæлзæххы бынæй куы стона йæ риу.ымбæрц. 24
Мауал дзы тæрс, трппы Æхст нæмыг фæстæмæ никуыма ничи ^раздæхта, ^æвзонгад .нæ фæлхат кæны, адæймаг дык- каг хатт нæтгуыры, фæлæ дын æз-хъуамæ-уаеддæр зæгъон, ды ,афтæ тынг рагæй фæстæмæ цы дзырдæй тæрсыс, уый: не ’хсæн ницы уыд, ницы, бынтондæр уарзт йеттæмæ. Кæд- дæр дæуæн дæ цæстытæ ме ’рдæм чи здæхта, кæддæр дæ- уæн дæ сонт зæрдæйы уаз æнкъарæнтæ мæ койы алыварс чи зилын кодта, кæддæр-иу дæу мæ рæзты цы буц зæрдæ- рарвыста, уым æлдариуæг кодта зæххыл иууыл рæсугъддæр дзырд: «У-А-Р-3-;Г». Ды уæд уыцы дзырд зæгъынæй дæ фырсонтæй тарстæ. Уæуу? дзыхæй куы сирвæза, зæгъгæ, æмæ туг куьг сгуыпп кæна. Ныр дæр дзы тæрсыс, тæрсыс дзы ссудзынæй нæ, уымæй дын тас нал у. Нал, зæгъ, мыл æмбæлы æмæ мæ яæддæры сусæг налхъуыт цæмæн фæхъæр уа. Дæ бар дæхи, фæлæ æз, нæ хæлардзинад ды ^рмæгæй уыд амад, уыдон’ зæрдæйы фæрсудзæнты ауапътон æмæ сæ ницыуал баззад,, æрмæст нæдæр дуг, нæдæр азтæ ницы ракодтой «у-а-р-з- т-æ-н», уый æрттывта, æрттивы æмæ æрттивдзæн кæддæ- риддæр, дæуыл хъуыды кæнгæйæ. ХЪÆДЫ Цæуын сындæггай тархъæды. Тæрсы .бур сыфтæртæ, зивæггæнгæ, миты тъыфылтау, зæхмæ згъæлынц. Афæдз- дзыд фиуау бур-бурид адардтой. Сæ уæлæ, зæххыл тыртына алыгъд æмæ цыма æгас æфсад мæ иувæрсты азгъордтой, афтæ райхъуыст сæ сыбар-сыбур. Æнкъард сты бæлæстæ- дæр, цыдæр сын зын’у, сæ цот сæ кæй уадзынц, растдæр зæгъгæйæ та: сæ цот сæ цæнгтыл, сæ хихтыл кæй мæлынц æмæ сын сæ бон баххуыс кæнын кæй нæу, уый сæ æрхæн- дæгыл æфтауы. Æз цæуын æмæ сындæггай мæ цæст хæссын мæ алфæмблай æрдзмæ. Бацæуын ногкалд тæрсбæлæсты бындзæфхæдтæм, мæ худ сын сисын, алæууын сæ уæлхъус æмæ та дарддæр ацæуын. Мæнæ, гъе, бынтон ногкалд тæрс- бæласы бындзæфхад. Чидæр æй моторджын хырхæй йæ бындзæфхадыл ахауын кодта. Фæззæг у, бæлæсты туг сур кæны, фæлæ ма ацы тæрсы бындзæфхад уæддæр зæххæн ныллæхстæ кодта, ныллæмæрста йæ уидæгтæ æмæ йæ цæс- сыгтæ фемæхстысты. Æз лæууын йæ уæлхъус æмæ йæ зил- лæктæ нымайыи: иу, дыууæ, фондз, дæс, дыууын, цыппор, фæндзай, æстай, сæдæ... Сæдæ зиллаччы баныма^тон, уæ- дæ сæдæ азы фæцард. Кæсын зиллæктæм æмæ нымайын, 25
жъæвдаджын азтæ йыл цал рацыд, гъе, стæй йыл хус рæ- стæджытæ цал хатты скодта, уыдæттæ. Мæнæ, гъе, иу зил. -лакк иннæ зиллаккыл баныхæст, мæ цæстытыл ауад, ацы -æгомыг цæрæгой æрдзимæ, цардимæ куыд тох кодтаид уыцы аз, уый. Фæлæ мæнæ уыцы зиллаччы фарсмæ — æндæр знллакк. Уый фæйнæрдæм ацыд бæрæг у, дон ын фаг уыд æмæ нæрст, фарон, уый размæ азты цы фæцух, уый баххæст кодта. Уæдд,æр; æвæдза, цард диссаг у, ницы йын бамбардзы- нæ. О, о| Баууæнд мыл, цард æмæ дунейы сконды сусæг- дзинæдтæ ничи бамбардзæн, æз, мæнæ ацьГ тæрсбæласы бындзæфхадмæ кæсгæйæ, мæхицæн куыд ницы- æмбарын, афтæ. Цæмæн, уæддæр цæй тыххæй кæуы бындзæфхад, уый .дæр æй фехъуыста, базыдта... О, кæд афтæ у, уæд уæт, фæлæ кæд мыййаг уый кæуы æрмæстдæр йæхиуыл. Æниу дзы уый тыххæй хъаст нæ хъæуы, йæхиуыл кæуын чи зоны, уый искæуыл дæр скæудзæнис... Цæуын дарддæр æмæ хъуыды кæнын тæрсбæласы бын- дзæфхады цæссыгтыл. Тæхуды, мæ бон куы уаид æмæ йын сæ куы асæрфин, йæ зæрдæ йын- истæмæй куы барухс код- таин. Куы йын зонин йе ’взаг æмæ йæ куы бафæрсин: цы федта æмæ ма йын цард ноджы цæмæй ныфс æвæрдта, цы ма йын хъуамæ фенын кодтаид? Мæ хъуыдытæ кæронмæ нæма ахæццæ сты, афтæ мæ разы февзæрд зæронд тæрсбæласы бындзæфхад. Азтæ йыл сæ гуыбыны цъарыл фæбырыдысты æмæ йын йæ фыстытæ — йæ азты æвдисæндар зиллаччыты схафтой. Æмæ канд хаф- гæ нæ, фæлæ йыл ницыуал ныууагътой, сæ дæрзæг къухтæй йын йæ цъæрттæ бастыгътой, стæй йыл бафтыдтой алы- гъуызон низтæ. Уæртæ йыл разад зокъотæ дæр. Гъей, джиди, уымæ дын афтæ чи бауæндыдаид. Æз æм кæсын æмæ хъуы- ды кæнын тæрсы бындзæфхадыл. Чи йæ ракалдта, цæмæн :æй хъуыдаид? Кæд мыййаг мæ авдæн ацы тæрсбæласы зæнгæй уыд арæзт. Уæд ныззоныгуыл кæнон йæ разы. Фæлæ никуыма никæй бон бацис, куыд райгуырд, уый базонын. Нæ зонын æз дæр мæ райгуырд, мæ авдæны хъæдтæ цы бæласæй арæзт æрцыдысты, уый. Æмæ чизоны цы уыдзæн... Æмæ чизоны ам кæмдæр, мæн фенгæйæ, æндæр бæлас аынкъард йæхимидæг. Нынкъард, искæдбон æрцæудзæн мæ адзал æмæ уый зæнгæй фаст фæйнæджытæй мæнæн скæн- .дзысты табæт! Кæд, мыййаг, мæныл чысыл раздæр цы тæрсы бындзæф- .хад амбæлд, уый дæр уымæн куыдта. Кæд, мыййаг,- йæ 26
зæнг адæмы хуыздæр лæгæн табæтæн бахъуыд æмæ уымæн згъæлста йæ цæссыгтæ. Чи уæ скæудзæнис мæныл та, бæлæстæ, о, мæ зынаргъ бæлæстæ! Цы ныхъхъус стут, æви дæлæ уым цы.бындзæф- хад уыд, уый, мæн фенгæйæ, мæныл скуыдта?! «МÆ ХЪÆБУЛ, КÆМ ДÆ?!» . Асæст бон у æмæ уымæн, æви цæмæн, нæ зонын, фæлæ абон цыдæр уæлдай æнкъарддæр.кæны мæ зæрдæ. Уæл- дайдæр та æз, райсомæй, Мæскуыйы бынмæ Старое Рус- сойы зæххыл хæстон -уæлмæрдтыл куы зылдтæн, уæдæй фæстæмæ. Æмæ канд абон нæ, ныр æнæхъæн мæй фæндагыл дæн, фæнды мæ хæстон намысы фæндæгтыл æрзилын. Уый цасдæр бæрцæй мæ къухы æфтгæ дæр бакодта. Цал æмæ цал æфсымæрон уæлмæрд ис нæ зæххыл! Цал æмæ цал хæстоны уд аскъуыд, Райгуырæн зæхх, дæу йæ риуæй æм- бæрзгæйæ! Кæдæмфæнды бацæуай, кæмфæнды æрлæууай — уæлмæрдтæ, уæлмæрдтæ, уæлмæрдтæ... ...Фæлæ диссаг, кæдæмфæнды ма бацыдаин, цавæрфæнды зæххыл ма æрлæууыдаин — алы ран дæр-иу мæ сæрмæ сынт февзæрд, абадт-иу бæрзонд бæрзбæласы цъуппыл’ æмæ-иу мæм уырдыгæй зæрдæхалæн уаст ныккодта, æмæ уый иу хабар, кæнæ иу сынт куы уыдаид, фæлæ къордтæ- къордтæй. Æз дис кодтон, уырысы зæххыл куыд арæх сты аны сынтытæ^ райсомæй хур нæма скæсы, уæдæй суанг изæрмæ тæхынц иу ранæй иннæ ранмæ. Искуы фæндагыл искæй цæугæ куы фенынц, уæд æм æввахс батæхынц æмæ йыл зæрдæхалæн хъарæгау бакæнынц... Мæныл дис æфтыд æмæ фарстон адæмы, фарстон, кæ- уыл æмбæлдтæн, уыдоны — цы нысан кæны сынтыты ацы æгъдау? «Ницы йын зонæм, æрмæст иу хъуыддаг бæлвырд у: Фыдыбæстæйон хæстæн йæ фæудæй фæстæмæ сарæх сты сынтытæ», — сæ дзуапп-иу ууыл фæцис. Æмæ та абон дæр мæ сæрмæ бæрзонд бæрзбæласыл абадт сынт æмæ мæм уырдыгæй зæрдæхалæн уаст бакодта. Æз бандзыг дæн, цыдæр æнахуыр сагъæс мын мæ зæрда æрбалвæста. Уæдмæ æфсымæрон ингæны цур иу зæронд ус йе ’ргом сынты рдæм аздæхта æмæ дзы цæссыгамæзтæй райхъуыст: «Ам ис, ам, дæ хъæбул»... Уыцы ныхæстæм æз ноджыдæр бандзыг дæн, цасдæр 27
сдзурын нал бафæрæзтон. Фæлæ та уæдмæ мæ хъустыл ауад: «Кæдмæ сæ агурдзыстут, мæгуыр, кæдмæ?» Æз сындæггай бацыдтæн зæронд усмæ, йæ разы нымд- гæнг-æ уырдыг æрлæууыдтæн, стæй йæ бафарстон, зæгъын, кæимæ дзырдтай? Уый мæм^ сабыр, æнкъардæй æрбакаст, сæрæй къæхты бынмæ мьтл йæ дондзаст цæстытæ æрхаста æмæ стæй уæз- заугай сдзырдта: — Кæсыс, уæлæ бæрзыл цы сынт бады, уымæ, — уыцы ныхæстæм бæрзмæ йæ къухæй ацамыдта, — уый мад у, йæ хæстон хъæбулы агуры. Уый мад у, ирон мад, саутæ скодта æмæ Ирыстонæй ратахт йæ хъæбулы агурæг. Æмæ канд уый нæу, бирæ сты, сæдæтæ, минтæ... Æгас Уæрæсейы зæх- хыл кæмдæриддæр уæлмæрд ис, знлынцсыл, æмæстæй мæд-- тæ агургæ-агурын кæрæдзи куы фенынц, уæд райдайынц кæрæдзийыл марой кæнын: «Кæм уыдтæ, æппын уым *мæ хъæбулыл дæ цæст никуы схæцыд?» Æз бандзыг дæн, афтæмæй хъуы-стон зæронд усы ны- хасмæ. Уый дзырд куы фæцис, уæд ингæны дуртыл йæ армы тъæпæн иугай рæвдаугæ февæрдта, стæй æрхæндæг зæр- дæйæ ацыд. Æз лæууыдтæн æмæ кастæн зæронд усы алы змæлдмæ дæр. Уалынмæ æрбатахт æндæр сынт, йе ’мбал мад-сынты куы федта, уæд æм цыма зæрдæхалæн марой бакодта, уыйау бауасыд. Бауасыд æмæ йæ афарста: «Æппын мын мæ авд хъæбулæй никæй федтай?» «Никæй, никæй, мæ саударæг хо!» —уыд, æз бæрзыл бадгæ цы сынты баййæфтон, уый дзуапп. — Атæхæм дарддæр, азилæм уæлМæрдтыл, — æрбай- хъуыст та. — Æз никуыдæмуал цæуын, мæнæн мæ фараст хъæбу- лæй иу дæлæ уыцы уæлмæрды ис ныгæд, мæхи хуызæн уырыссаг саударæг мад мын æй загъта, æмæ ныр хъуамæ ам, йæ ингæныл дзыназгæйæ, амæлон. — Уыцы ныхæстæм дыууæ сынты зæрдæхалæн хъарæг ныккодтой, стæй дыккаг сынт-мад йæ авд хъæбулы агурæг дарддæр атахт. Уыцы ныв æз федтон абон райсомæй, æмæ уæдæй нырмя мæ хъуыдыты æнкъарддзинады хызæй мæхи ратонын нал фæразын. Æрдæбон дæр та, хур нæма аныгуылд, афтæ æз^уыдтæн мæ зонгæ уæлмæрды. Уыцы мад-сынт бадти йæ бынаты æмæ а^нкъардæй каст йæ хъæбулы ингæнмæ. Уæдмæ къорд- тæ-къордтæй йæ сæрты цалдæр фæлтæрæй ратахтысты æн- дæр сынтытæ. Æз сын мæ худ систон, афтæмæй сæ фæстæ 28
кæсгæйæ баззадтæн. Уыдон уыдысты гуырдзиаг, сомихаг, хъазахаг, таджикъаг, кæсгон æмæ бирæ, бирæ адæмты-сйефт хæстонты мæдтæ... Æз сæ фæдыл кастæн æмæ мæ хъусты мидæг æппынæ- дзух маройгæнгæ зæлыд мад-сынтыты- фарст: — Мæ хъæбулы мын уæ ничи федта?! — Мæ хъæбулы мын уæ ничи федта?! — Мæ хъæбулы мын уæ ничи федта?! Мад-сынтытæ тæхынц, зилынц зæххыл æмæ æмдзыхæй хъæрахст кæнынц: «Хъæбул! Хъæбул! Хъæбул! Хъæбул! Хъæбул! Хъæбул! Хъæбул, кæм дæ!!! Хъæбул, кæм дæ! Ис- куыцæй дæ саударæг мадмæ: «Мæнæ дæн» сдзур!» ДЫУУЫН ÆХСÆЗ БОНЫ Уыцы чызг бадтис мæнæй дыууæ стъолы æддæдæр. Цыма йе оны каст, куыддæр-иу æз хæрæндонмæ бацыд- тæн, афтæ-иу уый дæр фæзынд. Æдзухдæр ын уыд цыдæр æнкъард æнгас. Улæфджытæ йыл, уæлдайдæр та нæлгоймæгтæ, йæ фæ- зынды фыццаг бонæй фæстæмæ сæ цæст æрæвæрдтой. Уый банкъардта чызг йæхæдæг дæр. Сылгопмаджы цæстæй ахæм цау æнæбафиппайгæ кæм аирвæздзæн? Уыцы уавæр хынцгæйæ, йæхиуыл фæхæцыд, йæхи иоджы фæуæзбындæр кодта. Цал æмæ цал хатты афæлвæрдтоп: искуы нæ цæстытæ кæрæдзийыл куы аныдзæвиккой, фæлæ-иу алыхатт дæр уæ- гъды... Йе стъол æмæ йæ къусæй дарддæр æндæр никæй уыдта. Уæддæр бузныг хуыцауæй. Æрвылхатт дæр-иу фынгæй сыстад мæ разæй. Уæд-иу æз ныууагътон мæ хæрын, æмæ-иу цалынмæ дуарæй нæ фæаууон, уæдмæ-иу дзы мæ цæстытæ ратонын нæ фæрæзтон. «Уæддæр чи уыдзæн?» — фæрсыи мæхи æмæ дзуапп нæ арын. «Чи уыдзæн, чи уыдзæн?» Уыцы фарст мын æнцой нæ дæтты. Абон дæр та ницы. Абон дæр та йæ кæ базыдтон. «Рай- сом, райсом æй æнæмæнг базондзынæн», — дзырдтон-иу мæ- хицæн æмæ цардтæн «сомы» ныфсæй. Афтæмæй цыдысты бонтæ, курорты бонтæ. Уыдон та афтæ сты æмæ лæджы зæр- дыл æдзух лæууын кæнынц Руставелийы поэмæйы æгъуыс- таджы рæнхъытæ: «Иу ацæуы-æмæ иннæ æрцæуы ацы дзæ- нæттагдунемæ!» 29'
Улæфæн хæдзары бахизæны вестибюлы чысыл абад æмæ ды банкъардзынæ цард... Цард, кæцымæ мах афтæ уæлæн- гай, æнæмæты цæстæй кæсæм. Нæ йыл сагъæс кæнæм, афтæмæй йæ æрвитæм. Ам, мæнæ вестибюлы, бадыс æмæ дæ дæ хъуыдытæ кæдæмыты нæ хæссынц, цынæхуызон са- гъæстыл дæ бафтаудзысты. Уæртæ, гъе, чидæр, йæ чемодан йæ къухы, афтæмæй хъæлдзаегæй æрбахызт, фæзынд та адунемæ «ноггуырд», ног адгёймаг. Дыууын æхсæз боны та цъус ма хон. Уыдон сты курортон царды иу æнæхъæн æнус. Уæдæ, иу æнæхъæн æнур. Æмæ æнус дзæнæттаг цардæй рацæрай, уый мæнæ нæй. Æмæ куыднæ уа хъæлдзæг ног æрцæуæг, куыднæ хъуа- ма* худой йæ цæстытæ цинæй. Мæнæй-ма! Мыййаг уæртæ уыцы улæфæгау йæ «цард» куынæ фæцис, уый рафснайдта йæ чемодантæ æмæ нырмæ а-дунейы æцæг хицау йæхи цы улæфæн хæдзары æнхъæлдта, уый къултæ йыл уазалы тæф скодтой. Йе ’рцыды, йæ фæзынды фыццаг бон æй мадау, хи- хъæбулау рæвдаугæ цы фæлладуадзæн хæдзар айста йæ- химæ, уый йæм ныр, дыккаг мадау, уазал цæстæй ракаст. Æз æм кæсын æмæ йыл нæ мæт кæнын. Нæ мæт кæнын, мæнæ уæлмæрдмæ цы мард фæцæйхæс- сынц, уый азар, адзал, цыма, мах никуы баййафдзæн, цыма мæлын мах хæс нæу, афтæмæй нæхицæн цæуылдæрты дзур- гæйæ, йæ фæдыл куыд фæцæйцæуæм, афтæ. Æмæ æз цæмæн хъуамæ уон, уæртæ йæ чемодантæ чи рафснайдта, уый хуызæн? Мæнæн нырма дæс боны фæстийæ ис. Дæс боны> дæс æнæхъæн боны! Æмæ уый та цы нысан кæны, уый зо- нут?.. . , Æз уыцы бонты базондзынæн: æрвылхатт мын мæ аходæн, мæ сихор, ме ’хсæвæр уæлдай адджындæр кæй тыххæй вæй- йы, уыцы чызджы. Æмæ цымæ чызг уыдзæн? Цы бæрæг ис. Æмæ, чизоны, чызг нал у? Чызг у æви чындзыцыд, мæнæн уый базонын зын у. Уымæн æмæ уый мæнæй бады дыууæ стъолы æддæдæр. Æниу йæ уæнгты æвæрд, йæ къахы айст, йæ фезмæлд чындздзон чызджы хуызæн сты. Нæ, чындздзон чызг нæ уыдзæн. Уыдон цыдæр цыма къæмдзæстыггонддæрæй февдисынц сæхи. Уый æддейæ, иу бакастæй. Æнæуый та сæ цæстытæ ивæзтытæ фæкæнынц. Алкæй дæр фенынц, алкæуыл дæр сæ цæст æрхæссынц. Мæ ныхмæ чи бады, уый та ахæм миниуджытæй хызт у. Уа^д та иу хатт дæ мидбылты фæхуд. Мæнмæ нæ, деттæ дын чи лæггад кæны, дæ размæ дын зæрдæхъæлдзæгæй алы хæрд, минас чи хæссы, уыцы лæггадгæнæгмæ. Уый дæ буз- 30
ныг фæуыдзæн, æз та дын дæ цæсгом худгæ фендзынæн. Кæд, мыййаг, фæдзæхстæй æрцыдтæ. Чи дын цы зоны. Цыфæнды фот. У фæдзæхст дæр. Ды æрмæст цу афоныл аходæнмæ, сихормæ, æхсæвæрмæ. Цæмæй дын æз бон æртæ- хатты уынон дæ сатæг цæстытæ, дæ зырнæйзылд къæхтæ, дæ едзаг риутæ, дæ фæлмæн, уæздан фердæхт. О, дунескæнæг, æгайтма ахæм зæд сфæлдисын дæ бон бацис! Æгайтма мын мæ цæстытæн фенын кодтай дæ дæс- ныйад, дæ къухы айст. Ныр мæ бауырныдта, æрдз, ды дæ нывгæнæг! Мард нывтæ аразæг, сфæлдисæг нæ, фæлæ удæ- гас нывтæ аразæг, удыгас нывтæ сфæлдисæг. Æрмæст дæм мæ цæсгом бахъæца: мæн цæуылнæ сфæлдыстай афтæ рæсугъдæй, афтæ уындджынæй? Ау, æз дæр дæ хъæбул, дæ туг, де стæг куы дæн! Кæд мæм, уæртæ мæ ныхмæ цы зæд бады, уый дæр искуы ракæсид, кæд мыл уый дæр искуы йæ цæст æрывæрид. Хорз, хорз, уадз! Дæ цæст мын уый ма бауарзæд, æз дæр дæ тынг нæ хъаст кæнын, фæлæ мын уæдта чысыл уæндоп- дзинад бауарзтаид дæ цæст. Ау, гормон, мæхимидæг мæ цырагъау куы судзын, куы тайын кæныс, уæд æй уый дæр зоны? Науæд мын фыддæрадæнæн ми цæмæн бакодтай? Аф- тæ гæнæн дын нæ уыд, æмæ уыцы зæды кæнæ мæ разæй æрæрвыстаис ардæм, кæнæ мæ фæстæ? Цæмæн мæм ба- хъавыдтæ, цы дын кодтон? Ныр дæр та уæртæ ныррухс хатæн, уæрæх хæрæндоньг æнæхъæн зал. Кæсыс æм? Дуар æрбакодта æмæ мыл хур- тæ ракаст. Ныррухс мын кодта мæ зæрдæ, йæ талынг къуымты йын сæдæ-сæдæ цырагъы ссыгъта. Тæхудиаг у, уый æрвылбон дардмæ дæр чи уыны, ноджы тæхудиагдæр та уый у, уымæн йæ хъарм комы тæф кæй хъусты цур атайы. Уæртæ, гъе, сабыр, уæзбынæй æрбадти зæд, зæд! Æмæ бадгæ та кæм кæны, бадгæ? Мæнæй дыууæ стъолы æддæ- дæр! Æниу афтæ цæмæн дзурын. Кæд, мыййаг, æз бадын уымæй дыууæ стъолы æддæдæр! Афтæ у? Уадз æмæ уæд афтæ дæр, æрмæст иу хатт ме ’рдæм ракæсæд, иу хатт мыл йæ цæстыты цæхæр æрбакалæд. Æмæ цымæ афтæ цæмæн дзурын? Ау, кæд мыл йæ цæстыты цæхæр не ’рбакалдта, уæд цæмæй судзын? О, тæхуды ацы бонтæ, уæдта куы ныддаргъ уаиккой,. уæдта сын кæрон куынæ уаид! Фæлæ царды цалхæн бау- ромæн куыд нæ ис, афтæ ацы æхсæз æмæ ссæдз бонæн дæр. Цæуынц, тындзынц! Кæдæм? Цæмæн? Фæрсæг сæ ничи ис. 31
Ехх, уæдта^ цард, цы дæ, уый куы’ бамбарин!.. Ма мын зæгъ: «Мæ бамбарыныл бирæ зондджынтæ фæ- дъæл кодтой сæ сæртæ æмæ ды та уæгъды ма фыдæбон кæн!» О, уый ма зæгъ, ма у ахæм æгъатырГÆз дæ налдæр фæрсын. Æз мæхæдæг ныр цыдæртæ æмбарын. 0, о! Ба:' уырнæд дæ, цард, æз дæ сындæг-сындæг æмбарын бай- дыдтон. «Уæдæ цард цы у?» — уымæй мæ фæрсыс? Хъус æмæ дын æй зæгъон: Цард у, уæртæ мæнæй дыууæ стъолы æддæдæр чи’ ба- ды, уыцы зæды æрфгуытæ уынын! Цард у, уæртæ мæ ныхмæ чи бады,- уыцы уæларвон уды уæнгтæм кæсын! . ,< Цард у уæртæ уыцы мадзура зæдæн йæ дзыхы дзырд- мæ хъусын! Уый цалынмæ бон æртæ хатты уынон, уæдмæ мæ’цард емыдзаг уыдзæн цинæй, мæ дадзинты туг кафгæ:хъазгæйæ згъордзæн, мæ зæрдæ баддзæн хуры фарсмæ! Стæй фæуыдзысты ме ’хсæз æмæ ссæдз боны æмæ, ныр- тæккæ мæхи хицау кæм . æнхъæлын, уымæн æз суыдзы- нæн æцæгæлон. Ныртæккæ мæнмæ æрвылхатт хъæлдзæ- тæй цы æфснайæг сылгоймаг æрбауайы, йæ фæлмæн’рæв- дыдæй мæ чи сбуц кæны, уый мæм фæстаг хатт" цалдæр яатты æрбауайдзæн, æрбакæсдзæн мын мæ хатæнмæ, ам ма ис, зæгъгæ, æмæ та-иу фæстæмæ аздæхдзæн. Æз уьг мæн йæ цæстæнгасыл нал бакæсдзынæн нырмæйы рæвдыд æнгас. Æмæ уый та нысан кæндзæн: фæцис мæ «цард». Дæ фæджджитæ æрбатух æмæ цæугæ! Æз уæд нал уын- дзынæн, уæртæ мæнæй дыууæ стъо’лы æддæдæр чи’ бады, уыцы зæды æмæ уæд фесафдзынæн цар’дæн йæ мидис дæр. Æмæ кæд, мыййаг, байсæфт цардæн йе ’цæг мидис? Кæд, мыййаг, мæхицæн нырмæ дæр мæнг ныфсытæ æвæрдтон?! Дæ хорзæхæй, акæс-ма, кæд мыййаг цæстæй дзæбæх нал æвзарын. Мæнæй дыууæ стъолы æддæдæр чи бадтис, уыцы зæд кæм ис, кæм бафæстиат, йæ бынат афтид цæ- мæн у? «Ацыд» зæгъыс? Æмæ куыд ис уый гæнæн, мæнæн нырма мæ æхсæз -æмæ ссæдз боны куынæ фесты?! Нæ! Уый гæнæн нæй! Ехх, æхсæз æмæ ссæдз боны цы мæсыг фæцамадтон, уый æвиппайды куыд ныкъæс-къæс кодта æмæ куыд нык- калд!, Ис’чи ма уæ дзæбæх акæсæд, маенæй дыууæ стъолы æд- дæдæр’ничи бады? 31/1—77, Мæскуы, Псределкино. 32
3 Æ Р Д Æ Ды мын дзырдтай: бæлас райгуыры, слæг вæййы æма уый дæр, лæгау, амæлы. Ды мын загътай: мæ зæрдæ уыдис чысыл, хæрз чысыл, ’стæй хъомыл кодтон æмæ мемæ стыр кодта мæ зæрдæ дæр. Фыццаг уыдис сыгъдæг, сыгъдæг, стæй йæм ды кæуылдæр- ты бахъуызыдтæ æмæ дзы ныффыстай: «уарзын дæ». Ды мын загътай: тæхуды мæйæ куы уаин, æдзухдæр дæ фæстæ мæ цæст дарин, кæд-иу ме ’рдæм цæуай, уæд-иу дын дæ фæндаг рухс кæнин. Ды мын загътай: фæфæнды мæ,. балы сырх гага куы фестин, ды мæ куы ратонис, уæд æз æдзухдæр уаин демæ. Ды мын загътай: тынг куы сдойны уаис, тынг. Æз куы фестин уазал, ихуазал суадон, ды мæ куы баназис, уæд банкъарис, дæуæй чи ферох, уыцы зæрдæйы уарзт. Ды мын загътай: æз кæм цæрын, ды уыцы хæдзар куы зонис æмæ нын афтæмæй нæ дуар куы ’рбахоис... Ды мын загътай: æхсæв куынæ уаид, уæд дæ æдзухдæр уынин-, кæннод та фынæй куы кæнин, фынæй, кæд дæ фы- ны уæддæр уынин. Æз дын загътон: фыццаг хатт фехъуыстон ахæм рæсугъд ныхæстæ, дзур мын, дзур мын, мæ бæлон, æз дæм хъус- дзынæн æмæ дæм мæ уарзты хуртæ худдзысты. Æз дын загътон: уалдзæджьг хуры скаст куы фенын, уæд æдзух мæ зæрдыл ды фæлæууыс. Æз дын загътон: тæхуды æмæ дæм æввахсмæ нæ,— дардæй уæддæр куы бафсæдин кæсынæй. Дæуæн циу, ды дæхи алы уысмы дæр кæсæны феныс, фæлæ æз, æз? Æхсæв мыл ныддаргъ вæййы кæд сбон уыдзæныл сагъæсæй. Цы бон дæ нæ фенын, цы бон дыл мæ цæст не схæцы, уыцы бон æз боныл нæ нымайын. Æз дын загътон: арвæй мæм худгæ хурау чи худы. уый мæм æввахс куы уа, уæд мæ æртхутæгфестын кæндзæн. Цард уæддæр куыд тыхджын у, ды мыл куы амбæлдтæ, уæдæй фæстæмæ мæ зæрдæйы цы диссаджы ир^ндзинæд- тæ æрцыд!.. Ды мын загътай: О, куыд хорз у дæумæ хъусын, но- джыдæр ма мын истытæ зæгъ. Уадз, ма уæд дæ зæвдæ- йæ цæугæ, зæгъ мын, дзур мын, æрымыс... Æз дын загътон, фыццаг пъа дын куы акодтон, уæд: нып æцæг уарзондзинады суадоны рæсуг донæй фæхъæс- тæ дæн. Ды бандзыгау дæ, иудзæвгар ницыуал сдзырдтай, стæй де ’муд æрцыдтæ æмæ дæ куыничи федта, уæд дæ мид- 3. Ха;:еоаты Л. 33
былты бахудтæ. Цымæ нæ исчи куы федтаид, уæд цæмæй тарстæ? Ацы дуне ууыл, уарзтыл арæзт куы у, уый цæ- джындзтыл куы лæууы æнус-æнус æнæ фæтасгæ, æнæ фег- гуырсгæ, æнæ кæлгæйæ. Æз уæд загътон: ныр базыдтон уарзондзинад, банкъард- тон ын йæ тых, абон дæр ма, уал азы фæстæ, уыцы фыццаг пъайы ад мæ уæнгты токау ацæуы æмæ мæ бындуронæй базмæлйн кæны. Зæгъма мын, ды мæ фыццаг пъайыл никуы ахъуыды кæ- ныс, афтæ мæ ферох кодтай, æви дæ мойы цур дæ цæс- гом ууыл ахъуыды кæнын дæр нæ хъæцы.- Мæнмæ уæд де ’ндæрг кæцæйдæр сдзырдта: «О, ма дзур, ма мæ ’фхæр, мæ рухс уарзт мын -ма* ’фхæр. Уый дзæбæх фын уыд æмæ йæ макуы хъуамæ ферох кæнон». Ды мын загътай: мæ цард ацыд дæ уыцы фыццаг æмæ фæстаг пъаимæ. Ды мын загътай: цæрын, фæлæ мын дæуыл хъуыды кæнгæйæ мæ цард хъæмпы халы ад дæр нал кæны. Стæй ды ацыдтæ, æз лæугæйæ баззадтæн, мæ фæндаг схылы-мылы, «чердæм фæцæуон?» — мæхи фæрсын æмæ мæ фæндаг нæ арын, æз мæ цæстытæ бацъынд кодтон æмæ дæ ныхæсты зæлтæ кæм батадысты, уыцы ’рдæм, —сæр- сæфæнырдæм ацыдтæн. Ды та уæд кæцæйдæр фæзындтæ æмæ уадид фæхъæр кодтай: — Дæхи ма байсаф, дæ разы — сæрсæфæн! Ды мæ ацахстай, мæ къухыл мын ныххæцыдтæ, ракод- тай мæ. Æз дæр, чысыл сабийау, дæ ныхасыл сразы дæн æмæ рацыдтæн дæ фæдыл. Уыныс мæ дæхæдæг, ныр дæр цæуын, дæ фæдыл, демæ, æрмæст цъындæй. Нæ мæ фæн- ды мæ цæстæй ракæсон æмæ дæу мæ бæсты æндæримæ фенон. Ды уæд мæ ныхæстыл ныххудтæ, стæй мын сабыр мæ хъусы рæвдаугæ æрбадзырдтай: «Ракæс дæ цæстæй, æз ныр æнус-æнус дæу уыдзынæн!» Æз уæд æрзоныгуыл кодтон æмæ ныллæхстæ кодтон: — Амонд, ма мæ сай, амонд, мауал мын хъаз мæ удæй! Мæ ныхас, мæ лæгъстæ мын амонд фехъуыста æмæ мæ размæ æрбацыд. Æз мæ цæстытæ байгом кодтон æмæ диссаг: мæ разы лæууыд де ’ндæрг. 1974—77 азтæ..
1. ÆРТЫНДÆС ÆФСЫМÆРЫ Сабитæ, ма хъæлæба кæнут, ацы дурцырты бын нæ Иры хуыздæртæ сæ фæллад уадзынц. Æртындæс хæстоны, æртындæс хъамбулуæраг лæппуйы, æртындæс æфсымæ- рау, дæу, мæн æмæ мах хуызæтты тыххæй сæ удтæ нывон- дæн æрхастой. Æртындæсæй, æртындæс хохау, сæ фæйнæг- варс риутæ знаджы нæмыгмæ дардтой æмæ афтæмæй хъахъхъæдтой рæстдзинад. Ныр ныффæлладысты æмæ сæ- хи æруагътой, æрфынæй сты сæ ныййарæг Иры фæлмæн, пух зæххыл. Иры зæхх у сæ ныййарæг, Иры зæххыл базыдтой циу лæгдзинад, ам, сæ райгуырæн зæххыл, базмæлыд се ’взонг зæрдæты уарзондзинад. Иры зæхх сæ ныййардта, иу туг, иу стæг сты. Æртын- дæс коммунары, æртындæс домбайы. Дысон бонмæ нæ ба- фынæй сты, дысон бонмæ — мах фынæй кодтам, уыдон та Ирыл зылдысты æмæ йæ уарзтæй ныффæлладысты, рай- сом раджы æхсæвы тар æмæ боны Рухсы ’хсæн тох куы бацайдагъ, Рухс куыд уæлахиз кодта, афтæ æрбаздæхтыс- ты се ’нусон цæрæнмæ. Фæллад сты, сæ ныййарæг мад сæ йæ хъæбысы батыхта, барæвдыдта сæ, стæй сæ дæлфæдтæм æрбадт æмæ сын ныхъхъуыста сæ зæрдæты цæфмæ. Иры зæхх сæ аргæ ныккодта, уыдон та йын йæ рæхыстæ атыдтой. Ныр йæ риуыл æрфынæй сты æмæ сæ, мæ хур- тæ, ма бахъыгдарут. Уарзут, уыдон цы зæхх, цы сæрибар- дзинады тыххæй радтой сæ цард, уый. Сæ тугæй балхæд- той Ирыстонæн æнусон уалдзæг! Дидинтæй сæ ма фæцух кæнут, æрмæст-иу, сабитæ, сæ цуры ма хъæлæба кæнут. Сабитæ, нæ сæрхъызойтæ фæллад сты, ма сæ райхъал кæнут. 26'II—58 аз. 35
2. СЫКЪА Хатт, æрвылбон, цы дзаума фæуынæм, ууыл нæ цæст афтæ фæцайдагъ вæййы, æмæ йын бынтондæр, ницыуал ны- саниуæг фæдæттæм, цыма афтæ æмбæлы, цыма уый æнæ- мæнг афтæ хъуамæ уыдаид. Мæнæ æз ныртæккæ бæгæны цы сыкъайæ нуазын, уы- ’ мæн йæ былтæ сты ихсыд. Сæдæаздзыд зæронд лæджы фæрсын æмæ йын уый дæр нæ зоны йæ саразæджы, мæнæн дæр, дам, мæ фыдæлтæй баззад. Ныр та ис мæнмæ, йæ хи- цау æй мæнæн балæвар кодта. Æз æм кæсын æмæ мæ хъусты зæлынц урсзачъе фыдæлтон зæронд лæджы куыв- тытæ. Уый ацы сыкъайæ куывта йæ зæххæн, йæ кæсдæр- тæн, йæ фæндаггонтæн, йæ зæдтæ, йæ дауджытæн, фæн- дагсар Уастырджийæн, арв æмæ зæххы бардуагæн, хоры Уациллайæн, Æфсатийæн, цæмæй йын уый йæ дзугтæй фылдæр лæвæрдтаид. Ацы сыкъайæ куывта йæ фыдæлтæн, сæ кады хъуыддæгтæн, сæ лæджыхъæдæн, сæ базыхъ уæнг- тæн æмæ сæ хъамбул уæрджытæн! Куывта йæ фидæны фæлтæрæн, цæмæй уыдон знаджы раз зоныгуыл цы у, уый ма базоной. Ацы сыкъайæ куывтой æнус-æнус, æмæ йæм амонд æр- хаудта, акуывтой дзы сæрибардзинадæн, адæмы рухс фи- дæнæн, адæмы разагътайы фырттæн. Ацы дзаггарзæй æнкъардæй, сæ бæлццæтты фæндараст кæнгæйæ, куывтой, Стыр Фыдыбæстон хæстмæ чи цыд, нæ уыцы саг лæппутæн. Ацы дзаггарзæй рухс кодтой адæмы хуыздæр фырттæн. Фæлæ фыддуг æмæ фыдрæстæг бирæ нæ хæссынц, ацы ихсыдбыл сыкъайæ иу бон — 9 майы куывтой Уæлахизæн, зæххыл æвзæрæй цы ис, -уый та фæлдыстой хæстрасидæгæн. Ралæууыд мæ рад, ныр ацы ихсыдбыл сыкъа ис мæ къухы æмæ дзы æз дæр, нæ фыдæлтау, мæ цины, мæ хъы- джы хуымæллæгджын сау бæгæны нуаздзынæн. Стæй та йæ иу бон æз дæр, нæ фыдæлтау, адæтдзынæн мæ кæс- дæртæм. Искуы æз дæр фыдæл уыдзынæн. Адунейыл, мæ фыдæлтау, мæ кой дæр нал уыдзæн, фæлæ мæнæ мæ къухы цы сыкъа ис, уый уæд дæр цæрдзæнис. Æнусты дæргъы йын йæ раафтид кæныныл архайæм, фæлæ. йын ницы фæразæм. О, дунейы фарн, макуы раафтид уæт. О, дунескæнæг, ацы фæрнджын сыкъа мын мæ адæмы къухæй макуы айс, рохуатæн æй макуы радт. Уадз æмæ æнур-æнус фидæны кæсдæртæн дзурæд: иухатт мах дæр ирæт^тæ уыдыстæм, не уæнгты ирон туг кæй фыхтн, ирон туг æмæ стæг кæй уыдыстæм, ?1*ы хæхтæ æмæ ацы доп 36
кæй уарзтам, æмæ нæ цæргæйæ фыдыбæстæйы уарзондзина* дæй кæй ныффæлладыстæм. Сымах дæр уæ ирондзинадыл уæ зæрдæ макуы сивут, уæ, фидæны саг ирæттæ!!! Оммен! Оммен! Оммен! 9/111—58. 3. СЫВÆЛЛÆТТÆ ХЪАЗЫНЦ Куыстæй нæхимæ фæцæуын хъуыдытæгæнгæ. Æрдз уыд сабыр, æгуыппæг, дымгæйы уддзæф никуыцæйцыд. Æрмæст хъæугæрон къутæрты аууæттæй, зæрватыччытау, цъыбар- цъыбур кодтой хъæуы сывæллæттæ. Сæ цъæхснаг уынæр мын цыдæр æхцондзинад радта, æввахс сæм бацыдтæн, мæхи ницызонæг акодтон, афтæмæй сæм мæ хъус адардтон. Уыдон хицæнтæ-хицæнтæй иугай къутæрты фæстæ бамбæх- стысты. Æппындæр сæ никæцырдыгæй æндавы: æгас сæрд хус рæстæг ахаста æмæ халсæрттæ кæй сæфынц: сæ хъал зæнгтæ æнæдонæй кæй дыдæгътæ кæнынц æмæ, хуыцаумæ кувæгау кæй хъæр кæнынц: Дон! Дон! Дон! Дон!.. Уыйхыгъд чысыл папитæ, нæ хъæуы фидæны кувджы- тæ æмæ йæ дарджытæ, арфæй-арфдæр æмбæхсынц къу- тæрты фæстæ æмæ æнхъæлмæ кæсынц, куыддæр сын рæс- тæг фæуа, афтæ æзфæраздæронæй фæтагъд кæндзысты цъындгæнæджы «фæмела» кæнынмæ. Уæдмæ иугай ли- дзынц æмæ цъындгæнæджы «мела» кодтой. Уый та, цъындгæнæг, ногæй йæ цæстытæ бацъынд код- га, æмæ тасывæллæттæй алчи æмбæхсынмæ азгъордта. Æз сæм æдзынæгæй кæсынтыл фæдæн, мæ цæстытыл ауадысты мæ сабийы бонтæ, æз дæр-иу нæ хъæуы сывæл- лæттимæ афтæ хъазыдтæн цъындæмбæхстытæй. Фæлæ цард куыд диссаг у, уыцы хъазт мæнæй раджы куы ферох, ра- джы куы баззад дард, кæмдæр ме ’взонгадимæ, уæд æй ацы папитæн чи бацамыдта? Уæвджийæ дæр, куыд рæсугъд дæ ацы сабион хъазт, æмæ демæ ноджы æвзонгад дæр. О, мæ чысыл папитæ, уемæ ма иу хъазт куы акæнин, бауадзут-ма мæ, бауадзут, афтæ æнхъæлут, æз уæ хъæз- тытæй фæллайгæ бакодтон æмæ сæ уымæн ныууагътон?.. 1958 аз. 37
4. ÆНАХЪОМ Знонæй ардæм хæдзары тыргъæй хъуысы сабийы кæ- уын. Уый афтæ æнхъæлы: йæ фæлмæнтæ дуду гыцци сы- хæгтæм ауад. Уый бæрц сæм цæмæн бафæстиат, куыд би- рæ сæм бады, цæмæн дзы ферох йæ чысыл хур. Бинонтæй йæ куы чи, куы та чи арæвдауы: «Ма ку, тагъд фæзын- дзæн дæ дзæбæхтæ гыцци». Ныхæстæй йæ сайынц, уый ис- дуг басабыр вæййы, фæлæ та уæдмæ мад йæ зæрдыл æрба- лæууы: «Кæми мæхи дзæбæх гыцци»,-æмæ та йæ кæуын райхъуысы. — Ма ку, ма, мæ зæрдæдарæн, — фыд.сывæллоны йæ хъæбысмæ систа, уымæн дæр йæ цæстытæ доны разылдыс- ты, афтæмæй йæ сайы. — Уæртæ сыхæгтæм ауад, ма к\\ æрбацæудзæнис, гуыл дын æрбахæсдзæпнс... Г...и...г...и!.. Г...и...г...и!.. — райхъуыст сабийы хæкъуырцц куыд, фæлæ йæм уæдæр мад§ никуыцæй æрбадзуры рæвдау- гæ: — Ма ку, мæ зæрдæдарæн, фæцæуын дæм, фæцæуын! — æрмæст, уæлмæрды, сабийы хъæрмæ ног ингæны сыджыт йæхимидæг ризæгау бакæны... 1958 аз.. 5. КЪУЫДЫРКАЛМ Мæ рынчын мады фарсмæ цы зæронд скъапп ис, уый хостæй сæрст нæма уыд æмæ дзы къуыдыркалм фæзынд. Ныр сæрст у ахорæнтæй, фæлæ уый мидæгæй баззад, æд- дейæ та æрттивгæ кæны, лæг зæгъдзæнис: æнустæм рын æмæ сонæй хызт у. Фæлæ йæ мидæгæй та уыцы фыдæбоны къуыдыркалм хæры, æхсыны йæ æхсæвæй-бонæй. Чи йын цы зоны, кæд ын фæуыдзæнис æхсыд. Уæвгæ, дзы ивæрзгæ нæ акæндзæни, ныр дæр та хъуысы пе ’лгъаг дæндæгты хъыррыст. Абон уа æви сом фегæмттæ йæ кæндзæни, йæ рæсугъд фидыц фесæфдзæн. Æз кæсын скъапп æмæ мæ мады фæлмаст цæстытæм. Уый сабыр йæ цæстæнгас æнкъардæй æрхæссы скъаппыл, стæй дзы уæззау тыхулæфт сæхъуысы. Кæд, мыййаг, мæ хъæбул, уьтцы къуыдыркалм æмæ мын мæнæ мæ рæуджытæ чи кæрдæнтæ кæны, уыдон афтæ æнхъæлынц дунейы хорз хъуыддаг аразæм. Ныхъхъус ма мын’шæ риумæ, уырдыгæй дæр афтæ хъуысы æлгъаг низы дæндæгты хъ’ыррыст. Тагъд кæнынц, сæ удтæн æрулæфт нал дæттынц. ’ 38
Мæ мады зæрдæрыст ныхæстæм хъусын мæ бон нал бацы... Уæдæй ардæм рацыд бирæ азтæ, нал ис мæ фæлмæн- зæрдæ мад, нал ис нæ уыцы скъапп дæр, фæлæ ма ныр дæр уыцы къуыдыркæлмыты æхсынгæ хъыррыст, æнæс- цухæй зæлы мæ хъусты. 30/1У—58 аз. 6. ДИДИНДЖЫТЫ БАСТ Знон мæ балцæй’куы ’рбаздæхтæн, уæд ме стъолыл æр- баййæфтон дидинджыты баст. Нæ зонын, чи сæ æрбахаста, уый сæ мæнæн лæварæн ныууагъта æви йын зайгæ бакод- той. Дидинджытæ ме ’рбацыдмæ æрæнкъард сты, сæ хъал сæртæ æруагътой, фæлæ сæ хæрздæфæй уæддæр хатæны къуымтæ æфсæстой. Æз сæ донæй едзаг вазæйы нывæрд- тон, æмæ æхцонæй сулæфыдысты, зыдæй йæ райдыдтой цъирын., Айтынг та сты сæ базыртæ, схæцыдысты та но- гæй сæ сæртыл æмæ се ’ппæт хъарутæй дæр бацархайдтой мæнæн сæ хæрздæфæй ноджы хуыздæр балæггад кæныныл. ^Фæлæ... Фæлæ сын дон рæстæгмæ бауагъта сæ уæнгты, сæ да- дзинтв^ ног хъару, цасдæр рæстæджы фæстæ сын уый дæр нал баххуыс кодта, мæ цæстыты раз ногæй райдыдтой æн- къардæй æнкъарддæр кæнын. Ныллæууыдысты мæлыны фæндагыл. Æз сæм кастæн æмæ мæ хъуыдытæ систой сæ уацары. Ницы сын у мæ бон баххуыс кæнын. Нæй сын, цæй фæрцы хъуамæ цæрой, уый. Сæ мадæлон, сæ ныййа- рæг зæххы хъарм сæ нал рæвдауы, нал сты семæ, мадæ- лон зæххимæ сæ чи баста, сæ уыцы цардыл тохгæнæг уи- дæгтæ. Æз æрбадтæн стъолы фарсмæ, мæ армытъæпæнтæ мæ сæрмæ быцæу бавæрдтон: ницы хицæндзинад ис, мæ хæрз- дæф дидин дæу æмæ адæймагæй дæр. Æз архайын, æп- пæт дæр аразын, цæмæй сымах цæрат, уæ рæсугъддзинад ма фесæфа, уæ хæрздæфæй циндзинад хæссат мæнæн, уæ рæвдауæгæн, фæлæ уын нал ис зæххимæ бастдзинад, уæ раттæг, уæ ныййарæг зæххимæ æмæ ныр мæ цæстыты раз мæлут. О, куыд зын мын у, уæ удистмæ кæсын. Мæ зы- наргъ дидинтæ, сымах хуызæн у адæймаг дæр. Уый дæр фидар вæййы, цалынмæ йын йæ раттæг зæххимæ иудзинад вæййы, уæдмæ, стæй дзы куы фæиппæрд вæййы, уæд уый дæр, цасфæнды хорз ма цæра, сымахау, уæлгъæдæй бахус вæййы. 39
Ехх, тæхуды, йæ мадæлон зæххы хъармæй æнус-æнус чи нæ сцух æмæ дзы йæ уидæгтæ арф чи ауагъта, уый къона. 1/Ш-58 аз. 7. СЫНДЗДЖЫН ДИДИН Мæ рудзынгæй мæм рог дымгæ æрвылрайсом хаста бу- лæмæргъы зарын. Зарыд булæмæрп>, æрдзыл, цардыл, рæсугъддзинадыл. Уæртæ та ныр дæр дидиныл абадт æмæ йæ диссаджы æхцонзæл хъæлæсæй фæлма^н базарыд, бæс- тæ уый зарынмæ цин фестад, зæрдæтæ райхæлдысты æмæ сæхи нывонд кæнынц царды ацы алæмæттаг рæсугъддзи- надæн. Уæвгæ дæр, дадзинты мидæг туг ивылæнтæ акæны, ныссæх-сæх кæны, æхсæрдзæнау, базмæлын кæны зæрдæ- йы æппæт тæгты æмæ, фæндыры хъистау, ныззарынц уы- дон дæр. Афтæ кодта æрвылхатт дæр, фæлæ иубон æрцыд æнæн- хъæлæджы хабар. Булæмæргъ та ацы хатт дæр сфæнд кодта дидинтыл зарын, æмæ... Æмæ æнæрхъуыдыйæ абадт дидинтæй æмбæрзт сындз къалиуыл. Уый, мæгуыр, æн- къард цъæхахст фæкодта, фатау атахт æмæ авдхохæн æд- де фæци. • ^. Ныр цалдæр боны æз æмæ дидинтæ, уалдзыгон сыф- тæртæ æмæ цардуарз сабитæ, чындздзон чызджытæ æмæ усгур лæппутæ, зæронд устытæ æмæ зæронд лæгтæ, авдæны сабн æмæ дзидзидарæг мад палфехъуыстам булæмæргъы зарын. Атахт æмæ нын нал ис, нæ удтæн нын йе ’хцон зарджытæй цин æмæ уарзт чи хаста, нæ уыцы булæмæргъ. Ех, мæ зынаргъ бул-булæмæргъ, уарзаг зæрдæ дæр дæ- уау уæздан æмæ рæвдыд домаг у, дæу, цы дидиныл зарыд- тæ, уый дæ нæ барæвдыдта æмæ дзы дард фæтахтæ, уый азарæй ныууагътай æндæр рæсугъд дидинтæ дæр æмæ уы- донимæ мах не ’ппæты дæр. Æз та кæдæм фæтæхон, æз дæр, дæуау, дунеты хуыздæрæн кæй равзæрстон, ме ’хсæв мыл кæй цинæй даргъ кодта, йæ ном фехъусгæйæ дæр ме уæнгты цины æхсæрдзæнтæ кæй уарзтæй ивылдысты, уы- мæн йе ’взаг ардыуан разынди æмæ мын æнæвгъау мæ зæрдæйы къултæ ныххафта, ныллыг мын кодта мæ ну- æрттæ, уый цинæй уæнгты алы къабазæй дæр уарзт фæ- дисгæнгæ чи хаста, мæ уыцы дадзинтæ. Уæ, мæ уарзон бул-булæмæргъ, æвæццæгæн нын нырма æгæр рæуæууæнк зæрдæтæ кæй ис, уымæн фестæм афтæ 40
фыдсайды. Уый æнхъæл та кæцæй уыдыстæм, дидинæгмæ- дæхи æппарай æмæ дæ уый та йæ сындзытæ садза... 1958 аз. 8. ЕХ, ЦЫ ТАЛА БАХУС... Нæ дыргъдоны цы талабæлас уыд, уый уæ ничи хъуы- ды кæны? Нырма дæр мæ цæстытыл куы уайы, уæд æй сымах куыд ферох кодтат, ау, царды фæтк афтæ амоны æмæ не ’хсæн чи нæуал уа, уый ферох кæнат? Уæдæ мæнæй цæуылнæ ферох, стæй йæ æз никуыдæр- ферох кæндзынæн, уый та куыд, нæ дыргъдоны хуыз уы- цы талабæлас куы иста, æцæг ын нæ бантыст, фыццаг- дидинæг рафтыдта, фæлæ йæ æгъатыр тых-дымгæ йæ фи- пæны гагатыл цин кæнын нал бауагъта. ...Æд уидæгтæ йæ стыдта. Мæгуырæг, куыд уæлæнгай уыдысты йæ уидæгтæ. Кæд, мыййаг, зонгæ-зонын нæ ауагъ- та арф, кæд, мыййаг, афтæ хъуыды кодта: куы байрæзон,. дидин куы рафтауон, уæд рæсугъдæй, бæстыл цин æфтау- гæйæ, мæхи зæххæй сисдзынæн æмæ арвмæ стæхдзынæн. Цымæ, æцæг афтæ хъуыды кодтай, мæ дидинвæлыст талабæлас? Æмæ дæ уымæй цы фæндыд зæгъын? Кæд афтæ æнхъæлдтай ноджы фæрæсугъддæр уыдзынæ^ уæд фæсмоны рæдыд æруагътай. Зæххæй дæ цæмæн бафæн- дыд арвмæ стæхын? Æвæццæгæн, æнхъæлдтай, иугæр дыл мыдыбындзытæ æмбырдтæ кæнынц, уæд арвмæ дæр дæ* фæстæ фæтæхдзысты. Фæрæдыдтæ, мæ къона, фæрæдыдтæ, мыдыбындз дидинмæ тæхы, дидинæг та æрмæстдæр зæххыл зайы. Ныр нал дæхицæн дæ, нал мыдыбындзытæн, нал мæ- нæн, æрмæст ма дæ рæсугъд хуыз иунæг æз мысын. Чи- зоны мæм йæ хъысмæт афтæ тынг нæ бахъардтаид, фæлæ- йыл мæ уарзоны æмбисонд æрцыд. Æз .цæрццу кæуыл кодтон, бон мыл кæй цинæй нæ изæр кодта, мæйдар æх- сæвы мын мæ фæндагмæ цырагъ кæй уарзт лæвæрдта, уый стахт æмæ арвы къусы кæмдæр бааууон. Æз-иу кас- тæн нæ дидинвæлыст талабæласмæ, æмæ-иу æдзухдæр мысыдтæн, мæ тæнбазыртæ кæй цырагъы рухсмæ сыгъ- дысты, мæ уыцы æнахуыр рæсугъд фын, фæлæ мын уый дæр дысон тыхдымгæ æгъатырæй стыдта. Ныр йæ бындзæф- хад цы бынат, цы зæххæй фæхицæн, уым фæзынд стыр хъæдгом, æз æм кæсын æмæ мæхи фæрсын: цымæ уыцы хъæдгом мæ хъæдгомæй стырдæр у? Цымæ сæ чи тагъд- дæр байгас уыдзæн? 1983 аз. 41:
9. ДЫУУÆ КЪАБУЗЫ Дыргъдоны дыууæ талайы — бал æмæ кæрдойы къа- бузтæ, кæрæдзимæ сæхи ивæзтой æмæ абон сæ сыфтæртæ кæрæдзиуыл аныдзæвдысты. Иу диссаг уыд уыдонмæ ба- кæсын. Дыууæ цæрдхъом къабузы. Сæхимидæг цыдæр сусæг дыз-дыз ныккодтой. Сæ дидинтæ райхæлдысты, та- латæ сæ сæртæй ныллæг куывтой хурæн, арвæн, зæххæн, фæлæ сæ цин бирæ нæ ахаста, чидæр æд хырх сæ цуры -февзæрд æмæ сын сæ къабузтæ, счъеппытæ кодта, кæрæ- .дзи, дам, хъыгдарынц. Ныр дыууæ къабузы дæр кæрæдзи- мæ кæсынц цæнкуылтæй, æмæ сæ цæссыгтæ згъæлынц. .1958 аз. 10. ЦÆНКУЫЛ ЦЪИУ Йæ иу къах та цы фæуыдаид, йæ иу къах! Бакæс-ма йæм, мæгуырæг, счепп-счеппгæнгæ зилы æмæ агуры хæри- наг. Фæйнæрдæм аракæс-бакæс кæны, ахъахъхъæны: йæ къах ын чи асаста, уыцы фыдуаг саби та макуыцæй фæЗы- на, йе ’ннæ къах дæр та йын ма асæтта. Уæд арвы тыгъ- .дадмæ йæхи никуыуал фехсдзæнис, райсомы хуры тынтæ йыл арвыл никуыуал сныдзæвдзысты, йæхи сæм никуы- уал бабуц кæндзæнис. Мæгуырæг, цард куыд адджын у, дæндагæй йыл ных: хæцыд, иу къахæй цæуы, иу къахæй æхсæв бонмæ, бæла- -сыл сбон кæны. Зын ын у, фæлæ уæддæр цæры, цард ад- джын у. Уæртæ-ма йæм бакæс, цы йыл рамбæлд, йæхи куы хъахъхъæдта, уæд æм саби куыд æрбахъуызыд, бæргæ ма йæ ауыдта, фæлæ йæ уæдмæ дур æрбаййæфта, асаста та йын йæ дыккаг къах дæр. Ныр йæ хъæлæсыдзаг хъæр -кæны æмæ дзуры: * -• ■ — Цы дын кодтон, цы дын кодтон, цы дын кодтон?!!! Хивæнд саби йæм кæсы æмæ худы... 1958 аз. П.МАД 4Мадæл фыс тагъд кæны хæдзармæ, абондæргъы йæ -цæстытæ ныуурс сты, хурныгуылдмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. -Æгас боны дæргъы нæ федта йæ къæбæлдзыгхъуын, йæ :урс уæрыччы. Æниу æм йæ зæрдæ не ’хсайы — Хæмæт -42
æдзухдæр йемæ вæййы. Дысон ын йæ чысыл хур Хæмæтæй æппæлыд, кæрдзыны къæбæр, дам, æнæ мæн нæ хæры. Мады зæрдæ... йæ цæссыгтæ фырцинæй нызгъæлста! Æмæ абон мад æвзаргæ кæрдæгыл фæхызт, мæ уæрыккæн æмæ, дам, Хæмæтæн хъуамæ сой æхсыр ныххæссон. Куыд фæ- цин кæны мад, йæ размæ куы ралидзынц дыууæ чысылы, Хæмæт æмæ йæ уæрыкк. Мады зæрдæмæ хуртæ æмæ мæй- тæ бакæсы, æгас дунейы дæр йæхи фенхъæлы. Хур фæ- къул. Мад ратагъд кодта хæдзармæ. Куыд хæстæг кæны, афтæ йæ зæрдæ цины хъыдзы банкъары. Фæлæ цы ’рцыд, йæ къæбæлдзыгсæр хъæбулы уаст æм никуыцæй хъуы- сы. «Цымæ кæм бафынæй?» — хъуыды кæны мад.— «Æвæццæгæн та йæ Хæмæт фæлмæн дзулæй бафсæста æмæ кæмдæр хъазыныл фесты». О, фæлæ уæртæ уынджы куы ис Хæмæт, цымæ цæмæн æнкъард у, йæ цæстытæ дон- дзаст цæмæн уыдзысты? Мады зæрдæ сæнкъуыст. «Мæ уæрыкк, мæ уæрыкк?!» — Иæ хъæлæсыдзаг фæкодта. Уæд- мæ ауыдта тугтæ... йæ къæбæлдзыгсæр уæрыччы царм тыгъдæй. Мадыл дуне атары, Хæмæт ыл скуыдта... Хæдзарæй хъуыст уазджыты зарын... , Æддейæ та мадьт мароймæ дуртæ дæр хæлдысты... 1958 аз. 12. РÆВДЫД КÆМÆ НÆ ХЪАРЫ Дзæбуг кæсы æмæ мæсты кæны, йæхимидæг тыхсы, дзуры: — Уæддæр æз цæмæн æнамонд дæн, дур мæпæи цæуыл- нæ кæсы мæ коммæ, фæнды мæ цæртхуынкъ æй куы фæ- кæнин æмæ йыл куыддæр аныдзæвын, афтæ къæртгай фæ- хауы. Бакæс-ма уидагмæ, хуымæтæг уидагмæ, уый дуры цæрдхуынкъ фæкодта, къæртт дзы нæ рахаудта, афтæмæй йæ мидæг ахызт, æмæ дарддæр ацыд. Дзæбугмæ уидаг хъусы æмæ йын сабыргай дзуры: — Æз дурыл æдзух аудгæ кодтон, никуы йæ фæхъыг кодтон, никуы йæ ныццавтон... 1958 аз. ХОРЗ МА РАКÆН, ÆМÆ ФЫД МА ФЕНАЙ Уый уыдис цалдæр азы размæ... Вагоны бадын æмæ рудзынгæй кæсын, хатт мæ цæст æрхæссын, мæ ныхмæ бадæг зæронд лæгыл. Уый цыдæр 43
æнæдзургæ у, хатт мыл уый дæр рахæссы йæ цæстытæ, фæлæ уый вæййы, æз вагоны рудзынгмæ ме ’ргом куы скæнын, уæд... Тæхы, æхст фатау, поезд размæ. Иæ цæлхыты ритм мын цыдæр æхцондзинад хæссы. Куы мын уыдон хъæр аеа- йынц мæ хъусдард сæхирдæм, куы та, рудзынгæй сæхи æхсæгау цы алыгъуызон нывтæ æрбакæнынц, уыдон. Иу- дзырдæй, дард балцы мæхи цæуыл ирхæфсон, уый мын ис. Уыйхыгъд, мæ ныхмæ бадæг зæронд лæгыл зынд, иунæ- гæй, æнæдзургæйæ, кæй фæлмæцы. Æрæджийау, нæ кæ- рæдзи цæстытæм куы фæкомкоммæ стæм, уæд мæм ба- хатыд. — Нæ фæндаг æгæр даргъ у æмæ йæ куы фæцыбыр- дæр кæниккам... Зæронд лæджы уымæй зæгъын фæндыд, ома истытæ куы дзуриккам. Æз ын бамбарын кодтон, зæгъын, мæм ахæм цымыди- саг хабар ницы ис æмæ дыл мыййаг мæнмæ хъусгæйæ, дæ фæндаг ноджыдæр куы ныддаргъ уа. — Нины кæны, — загъта лæг æмæ мæм æввахсдæр æр- бабадтис, — зыны дыл, интеллигент лæг дæ. Дæ балц дæ- хи фæндиаг, фæлæ æз фæлмæцын, мæ хъуьцшт’æ мæ суа- цар кæнынц, иунæгæй куы аззайын^^уæдт-Уæлдайдæр. та мын, нæ горæтмæ цæугæйæ, поезд мæ зæрдыл куы ’рлæу- уын кæны, рагон ныв... Зæронд лæг мæ сцымыдис кодта. Уый иудзæвгар ницы- уал сдзырдта, цыдæр рагон хабар та йын ацы хатт дæр йæ хъуыдытæ йæхирдæм кæй аздæхта, уый бæрæг уыд. - — Ахæм цы у уагæры æмæ-ма дæ абон дæр уæгъд ма уадза? — бахатыдтæн æм. Уый йæ цыллæ, цыбырæлвыд зачъетыл йæ арм хъавгæ æруагъта æмæ сдзырдта: — Уæд мæныл цыдис фондз æмæ ссæдз азы. Каст фæ- дæн Петербурджы медицинон институт, гуыргæ дæр уым ракодтои æмæ ахуыры фæстæ кусын райдыдтон горæты рынчынДæттæй иуы. Мæ ныййарджытæ цæрæг адæм уы- дысты. Иухатт мæм, уый уыдис 1917 азы фæззæджы, мæ фыд Петр Иваны фырт йæхимæ басидт. . 1 — Николай Петры фырт, — мæ фыд официалон лæг уыд æмæ мемæ дæр официалон æвзагæй дзырдта, — дæ ахаст бынтондæр нæ цæуы мæ зæрдæмæ... Хъуамæ дæ куыст ныууадзай æмæ ацæуай Францмæ, Англисмæ, Германмæ... Равзар, кæдæм дæ фæнды, уый. Æз бацархайдтон æмæ дын æртæ паддзахадæй алыран дæр бынат æрцæттæ код- тон, ныр> хъуыддаг дæуыл баст у, дæ фæндон мын куыддæр 44
фехъусын кæнай, афтæ йæ дыккаг бон ды уыдзынæ стыр фæндагыл лæуд. — Стыр бузныг, Петр Иваны фырт, ахъуыды кæндзы- нæн æмæ дын æввахс бонты мæ фæндон зæгъдзынæн, — ууыл фæцис мæн æмæ мæ фыды ’хсæн нæ ныхас. Мæ фыд мæ дзуаппæй разыйæ баззад. Фæлæ уый- хыгъд æз мæхицæн бынат нал ардтон, æппæт мæ фæнд- тæ, мæ хъуыддæгтæ суйтæ кæндзысты. Хæдзары мæ ку- сæн кабинетмæ куы бацыдтæн, уæд уым ме стъолыл бай- йæфтон фыстæг. Тагъд-тагъд æй айхæлдтон. Мæ цæстытæ андæгъдысты æнахуыр рæнхъытыл. «Изæры авд сахатыл хъуамæ фембæлæм Александры цырты цур». К’ьухфыстмæ гæсгæ ницы базонæн уыд, æрмæст бынæй æнæзонгæ хæ- лар ныууагъта ныфсæвæрæн дзырдтæ: «Дæ хорзмæ бæл- лæг». Фæлæ чи у мæ уыцы хорзмæ бæллæг, уый мæ зонд нæ ахста. Изæрæй, авд сахаты нæма уыд, афтæ æз уыдтæн ны- сангонд бынаты. Ссис авд, асты ’рдæг, уæддæр нæй æмæ нæ зыны мæ хорзмæ бæллæг. Æрæджийау кæсын æмæ мæм комкоммæ æрбацæуы чидæр. «Уый уыдзæн», — загъ- тон æмæ мæхи æрцæттæ кодтон, мæ хорзмæ бæллæгыл фембæлынмæ. . Мæнмæ дыууæ æви къахдзæф æмæ æрдæг æддæдæр æрлæууыд «ме нæзонгæ хæлар», йæ сæрæй мын ныллæг акуывта, стæй æнæ уæлдай митæй райдыдта: — Ды, кæд нæ рæдийын, уæд уыдзынæ Николай Петры фырт Голубев? — Нæ фæрæдыдтæ, æз уый дæн, — дзуапп ын радтон. — Иттæг хорз! Мæнæн бахæс чындæуыд, цæмæй дын фехъусын кæнон, — лæг ферхæцыд, æвæццæгæн æй æх- хæст ныфс дæр нæ уыд, куынæ йæм байхъусон. Æрбакаст мын мæ цæстытæм, æмæ та йæ ныхас адарддæр код- та, — мæнæн бахæс чындæуыд... — Дæ ныхас искуы зæгъдзынæ?! — мæхи фæтызмæг кодтон. — Ды, зæгъ, хъуамæ хъусай æмæ æххæст кæнай, уæ- лейæ дын цы хæс кæной, æппæт уыцы бардзырдтæ, — йæ уыцы ныхæстæм мæ зæрдæ ссыгъд, мæ маст рафыхт. Мæ- нæн хъуыддаг æмбæрст уыд, сау тыхтæ уæддæр сæ фæнд нæ уадзынц, нæма сæ уырны, цы хур сыл аныгуылд, уый сыл ногæй кæй нал скæсдзæнис. — Æмæ чи сты, «уæлейæ» мын бардзырдтæ чи дæт- Ты, уыдон? — Дæуæн, æнхъæлдæн, алцы дæр æмбæрстгонд у, стæй ды хорз зоиыс, домгæ дæр дæ цы кæнынц... 45
— Нæ, ницы йын зонын’. — Ды хъуамæ ныууадзай сырхыты рынчындон æмæ ацæуай...— лæгæн йæ ныхас кæронмæ ахæццæ кæнын нæ бауагътон, афтæмæй йын йæ дзырд адарддæр кодтон. — Фæсарæнтæм, ахуырмæ, а? — Кæсыс, уæлийæ дæ цы домынц, уый хорз зоныс. Растдæр афтæ: ды хъуамæ ацæуай фæсарæнтæм, хъуамæ ныууадзай Смольнийы рынчындон! — Æмæ уæд цæмæн, стæй йæ кæмæн ныууадзон? — Цæмæн, уый хорз зоныс, нырмæ махæн чи лæгг’ад кодта, ды уыдонæн абон ныллæууыдтæ лæггадгæнæгæй’ Кæмæн æй ныууадзай, уый тыххæй та тыхсгæ ма кæн„ донласт фæуæд! — Уæддæр дзы хъуамæ исчи уа, чидæр ын хъуа къухдариуæг кæна. — Мах уый бынтондæр не ’ндавы. Æз хъуамæ дæуæй ахæссон бæлвырд дзуапп, кæнæ «о», кæннод та «нæ». Фæ- лæ «нæ» зæгъыныл ма стагъд кæн. Уыцы «нæ» дын уыдзæн дæ дарддæры хъысмæт скъуыддзаггæнæг... — Афтæ у?! Æмæ уæдæ уæ хъуыддæгтимæ лыстæггай цæуылнæ дæн зонгæ? — Дæ разыйк дзуаппы фæстæ ды зондзынæ æппæт дæр, — уыд мæ «хорзмæ бæллæджы» дзуапп. — Æмæ уый та цас тагъддæр уа, уыйас — хуыздæр, — йæ ныхас бал- хынцъ кодта. — Хорз, æз ахъуыды кæндзынæн, — загътон æмæ хъуа- мæ рацыдаин. — Цæуыс? Хорз кæныс, æрмæст дæм æртæ боны фæстæ ам æнхъæлмæ кæсдзыстæм. л — Бацархайдзынæн, — бафæрæзтон ма æмæ йын «хæрз- бон» дæр нал загътон, афтæмæй рацыдтæн. — Фæндагыл мæ мæ хъуыдытæ кæдæмыты нæ ахас- той, фæлæ-иу кæдæмфæнды ма фæцыдаиккой, æрыздæх- тысты-иу, æмæ та-иу банцадысты мæ фыдыл. Ныр, æн- дахы æлхынцъау, цыдæр сусæг хъуыддаг сындæггай хæ- лын райдыдта: «Уæдæ мæ фыд дæр ацы сау тыхты æвза- гæй дзырдта?..» Ныццавта мын мæ сæр æнахуыр хъуыды: «Фæсарæнтæм, ахуырмæ... Æрмæст равзар, дæ зæрдæмæ тынгдæр чи цæуы, ахæм бæстæ». Нæ, никæд, уый нæ уы- дзæн! Рацыд иу бон, дыккаг, æртыккаг, къуыри, фæлæ æз нысангонд бынатмæ не ’рцыдтæн, нæдæр мæ фыдæн рад- тон> дзуапп, фæсарæнтæм ацæуыны тыххæй. Мæ фыд хи- уыЛхæцгæйæ æнхъæлмæ каст мæ дзуапмæ æмæ рæстæг куыд цыдис, афтæ йыл зындис йæ тыхстдзинад. Мæ’ фы- 46
димæ куы ныхас кодтон, уымæй мæм’дыууæ къуырийы фæстæ йæхимæ фæсидт. Уый бадт къæлæтджыныл, фæс- тæуæз анцой кодта, афтæмæй. Иæ галиу къухы армытъæ- пæнæй бамбæрзта йæ цæстытæ. Стæй, æз бацыдтæн, уый куы базыдта, уæд йе ’нгуылдзтыл фæйнæрдæм ахæцыд, æмæ сæ зыхъхъыртæй ракаст. Ахæм сабырдзинад ахаста дыууæ-æртæ минуты, фæлæ уыцы цыбыр рæстæг мæнмæ фæкаст æнæхъæн æнусы хуызæн. Мæ фыд йæхихуызæн кæй нал уыд, уый мын цыдæр мæ зæрдæ æрбалвæста æмæ- мын улæфт нал фаг кодта. Йæ цæстæнгасыл зынд, цæуыл- дæр тынг кæй тыхсы. Æрæджийау йæ къух æруагъта, мæ цæстытæм мын æрбакаст æмæ сдзырдта: — Æз алыбон дæр æнхъæлмæ кæсын уæззау хабар- мæ, — ног та мæм нымдзаст æмæ йæ ныхас адарддæр- кодта, — ацæуын дæ хъуыд, нæ дæ ныууадздзысты... Мæ фыды уыцы фæстаг дзырдтæй бæрæг уыд, сау тых- тæ мæ размæ ныхас кодтой мæ фыдимæ дæр, æмæ æз. куынæ сразы уон, уæд мæм кæй бартхъирæн кодтой. — Нæ дæ ныууадздзысты, исты фыдбылыз дын скæн- дзысты, æмæ мæ зæронд цæстытæ хъуамæ дæу æвзæрæй ма феной, — уыцы ныхасмæ йæ цæстытæ доны разылдта. — Кæй кой кæныс, 4чи мын цы хъомыл у? — Уыдон нæдæр мæн æмæ нæдæр дæу фæрсынц, сæ- хицæн куыд хуыздæр у, афтæ аразынц. Демæ дæр кæй ныхас кодтой, уый дæр зонын. Æхсызгон мын у, сæ фæ- дыл кæй нæ ацыдтæ, сæ рæнхъыты кæй нæ дæ, фæлæ мын иннæрдыгæй та мæ зæрдæ калмау æууилы тас. «Мæ алы къахдзæф дæр сын бæрæг у», — мæ сæр мын ныццавта ацы хъуыды. — «фендзыстæм, бакæсæм». Мæ фыдæн та загътон: — Дæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд, мах цъусдæр не стæм, тагъд сын сæ уидæгтæ скъахдзыстæм. — Бирæ стут, уый æз дæр зонын, фæлæ ды мæнæн иу дæ, дæу чи раива, уыцы бирæйæ мын ахæм ничи разын- дзæн, дæхи сæ хъахъхъæн. — Ууыл та ахицæн нæ ныхас. Рынчындоны уыд бирæ куыст, уый зæрдыл даргæйæ, æнæниздзинады адæмон къомисар бардзырд радта, цæ- мæй æхсæв дæр уыдаин уым. Æз дæр сразы дæн. Петер- бург уыд фыцгæ денджызы хуызæн, абухта. Уыцы абухæн- ты стыр улæнтыл систа, ног дуджы хъæр чи нæ бамбæрста, æппæт уыдоны. Рынчындоны мын иу чысыл хатæны сæ- вæрдтой сынтæг дæр. Æмæ æхсæвæй-бонæй хос кодтон цæф салдаттæн.^ ...Иу хатт та, уый уыдис райсомы аст сахатыл. Æз æх- сæвы дыууæ салдатæн скодтон операцитæ, куыддæр фæсæ- 47
;рибар дæн, афтæ мæ хатæнмæ атындзыдтон. Дуар бакод- тон æмæ диссаг, мæ фыд, йæ цæсгом цикъæйау ныффæ- лурс, афтæмæй бады. Мæн куы ауыдта, уæд фестад, йæ- .хи мыл æрбаппæрста æмæ йæ цæссыгтæ нал баурæдта: — Æгайтма дæ сæрыгасæй федтон, уый æнхъæл нал уыдтæн!.. Æз аджих дæн, иуæй мæ фыды фендæй, инæмæй та фыртыхст кæй уыд, уый тыххæй. — Цы хабар у, уанцон тарст мын нæ кæныс?! — æрдæг уайдзæфы хуызы, æрдæг фæдзæхсæгау, фæрсын мæ фы- ды.—Ам та мын цæмæй тæрсыс, маргъ нæ сæрты атæхын куынæ уæнды, уæд! — Маргъæн ницы зонын, фæлæ уыцы дыкъахыг(сырдтæ .ардæм дæр кæй æрбаххæсдзысты, уый дæ уырнæд, ’дæхи сæ хъахъхъæн. Канд дæумæ нæ, фæлæ мын ныр’ мæхимæ дæр бартхъирæн кодтой1. — Æз бацархайдзын^æн, цæмæй ды уай æдас, — загъ- тон мæ фыдæн æмæ ма \æ ныхæстæм бафтыдтон.— Ацы бонты бæрæг уыдзæн... ^^ Æниу мæ дзырдты фидард^инад мæхи дæр нæ уырныд- та, фæлæ хъуыд зæронд лæджы зæрдæ истæмæй фæфидар кæнын. Æмæ афтæ дæр рауад, мæ фыдæн йæ хуыз йæ бынатмæ æрцыд, цыдæр бахъæлдзæггомау. Сыстад, мæ къух мын йæ дыууæ армы зæрдиагæй балхъывта, дуары- онг куы ацыд, уæд фæстæмæ раздæхт æмæ та сдзырдта: — Мæп ^ кæддæриддæр уырныдта^ дæ лæджыхъæд. Архай, архай! — Æрмæст, — мæ амонæн æнгуылдз мæ дзыхыл аяæрд- тон, — сабыр, макæмæн мацы зæгъ... Цæмæй зыдтон, уый уыд мæ фыдимæ мæ фæстаг фем- бæлд. Æртæ боны фæстæ мæм фехъусын кодтой, мæ фыд Петр Иваны фырт, дам, йæхи амардта. Мæ бон нæ баци мæ фыды уыцы сау тыхтæй бахизын. Ныр æрлæууыд-’мæ рад, иугай нæ мæрдтæм барвитдзысты. Æниу мæнæн та цы тас уыд, ам, рынчындоны? Æнæ бары гæххæттæй ми- дæмæ никæй уагътой. Мæн та æддæмæ æвдæлгæ нæ код- та, стæй мæ фыды уыцы хабары фæстæ мæн мæ къах нæ- химæ налдæр хаста. ...Иухатт та, уыдаид æхсæвы фыццаг сахат, мæ хатæны дуар мын æрбахоста медицинон хо Светæ. Æз фæллад уыдтæн æмæ, æвæццæгæн, æрæгмæ хъал кодтон. Чызг стыхст, дуар та ныххоста æмæ хъæрæй æрбадзырдта: 4 —Николай Петры фырт, уæззау цæфтæ нæм æрбалас- той, уæлæмæ сыст! Уыцы ныхасмæ мæ хуыссæнæй сонтау фестадтæн, мæ / 48
дарæс акодтон æмæ Светæйæн дуар бакодтон: — Ныххатыр мын кæн, æгæр афынæй дæн! — мæхи йын афæдзæхстон. — Ницы кæны, фæлæ рынчынтæ тынг тыхсынц, — уыцы ныхасы фæстæ мæм чызг цыдæр йæ мидбылты хъуызгæ фæлмæн худт бакодта, афтæмæй мын æрбакаст мæ цæс- тытæм. Уыцы цæстæнгас афтæ тыхджын уыд æмæ йæ æз нæ баурæдтон, мæ зæрдæйы кæрон мын цыдæр цæхæр- сыгъд скодта. Уыцы æхсæв, суанг райсомы фараст сахатмæ, æз уыд- тæн операцигæнæн стъолы фарсмæ, æххуыс мын кодта Светæ дæр. Куыст куы фестæм, уæд Светæмæ бахатыд- тæн, зæгъын, ахæм уæззау куысты фæстæ фæйнæ хъæбæр цай куы баназиккам, уæд æвзæр нæ уаид. . Светæйæн цыма нæдæр æхсызгон уыд, нæдæр хъыг, ахæм цыдæр уазал зæрдæхуыз равдыста, фæлæ мын уæд- дæр мæ ныхасыл сразы. Æз цалынмæ мæхи æхсадтон, уæдмæ Светæ æрцæттæ^ кодта цай, æрбахаста агуывзæтæ æмæ сæкæр кæны, куыд архайдта, уый æз уыдтон, мæ сæр фасгæйæ, кæсæны. Фæстæдæр ма иу агуывзæйы цыдæр урс гæххæтты тыхт *' ссадгонд æркодта æмæ мын æй мæ разы æрæвæрдта, йæ- хæдæг цæмæдæр ауад. Æз уыцы рæстæгæй спайда кодтон æмæ агуывзæтæн сæ бынæттæ фæивтон. Мæхæдæг фæстæмæ фездæхтæн, æмæ та мæ сæры хъуынтæ лæгъз кæнын. Уæд- мæ Светæ æрбацыд, æз дæр фæдæн мæ райсомы зылд. Æрбадтыстæм, растдæр зæгъгæйæ, та æз æрбадтæн, Светæ мын кæдæм бацамыдта, уыцы бандоныл, стъолы фарсмæ. Светæ уыд цыдæр къæмдзæстыг, фæлæ уыйхыгъд — рæ- сугъд, æмæ йыл фидыдта. — Бирæ кусыс, Николай Петры фырт, дæ удæн æнцой нæ дæттыс, — аудгæйæ мын дзуры чызг. — Нæй гæнæн, рæстæг афтæ домы... Иууыл афтæ нæ уы- дзæн, æмæ стæй уæд баулæфдзыстæм, æниу дæхæдæг дæр æдзух ам куы дæ — сылгоймаг, æдых... — Цы бакæнæм, раст дæ, дохтыр. Фыдæбонæй тæрсын нæ хъæуы... Чызгæн йæ дзырд фескъуыд, стæй-ма йæхи фæфидар кодта æмæ йæ ныхас кæронмæ ахæццæ кодта, — зындзи- надæй тæрсын нæ хъæуы. — Нæ хъæуы, Светæ, нæ хъæуы, лæгау-лæг зындзина- дæй ма хъуамæ тæрса. —-Мæ уыцы ныхæстæм Светæ æвиппайды йæ бандоныл æрхауд: — Мæлын, дохтыр, мæлын, уыдон, уыдон!.. Цыдæр ма йæ зæгъын фæндыд, фæлæ уæдмæ йе ’взаг ныххаудта. Уы- 4. Харебаты Л. 49
цы ныв ауынгæйæ, æз нæ фæтыхстæн. Уый размæ, кæсæны кæсгæйæ, Светæ иу агуывзæйы цыдæр марг кæй ауагъта, уый ныр рабæрæг. Мæ цæстыты раз мæлы ме знаг, мæ сусæг знаг, æз ныр цалдæр мæйы кæимæ кусын, ме ’ууæнк кæуыл бафтыдтон, мæ уыцы знаг—Светæ! Хъуыды кæ- нынæн мын рæстæг нал уыд, уайтагъд фæсидтæн медици- нон хотæм æмæ райдыдтой Светæйæн хос кæнын. Йæ цар- ды хъысмæт баст уыд æрдуйыл, байстон æй мæлæты дзæм- бытæй. Æрæджийау, æрæджийау Светæ скаст йæ цæсты- тæй, фæлæ рæстмæ йæ зонд нæма ахста: кæм ис, æмæ йыл цы ’рцыд. Æрлæууыдтæн йæ нывæрзæн, йæ цæстытæй та куы ра- каст, уæд сæ ме ’рдæм сзылдта, стæй ныккуыдта. — Николай Петры фырт —æз уый аккаг нæ дæн, æз -уый аккаг нæ дæн æмæ ды мæ уæлхъус лæууай, хос мын кæнай... — Хорз, хорз, дæуæн бирæ дзурæн нæй, Светæ, баулæф, баулæф, стæй дзурдзынæ. — Нæ, нæ, дохтыр, æз хъуамæ фæхъæстæ кодтаин дæу, афтæ мын уыд амынд, дæ цайы дын хос ныккодтон, фæлæ мын фæивддзаг æмæ гайтма, афтæ рауад, гайтма ды дзæ- бæх дæ, Николай Петры фырт, мæнæн уæддæр мæ цард ’ ницыуал уыдаид... Æз нæ загътон Светæйæн, агуывзæтæ уымæн ивддзаг нæ, фæлæ сæ мæхæдæг кæй фæивтон, афтæ хуыздæр уыд, стæй бынтон куы сдзæбæх уыдаид, уæд ын æппæт дæр раргом кодтаин. Уæдмæ та Светæ схъæрзыдта: — Дохтыр, мæ сынтæджы гобаны хуылфы ис дæу æмæ ноджы дæ хуызæтты марынмæ чи хъавы, уыдоны ном- хыгъд, фæтагъд кæн, дохтыр, мæнæ дын адрес, фæтагъд кæн, кæннод сæ сау фæндтæ бакæндзысты, кæм сæхи, æмæ кæм та мæ хуызæн æнæрхъуыдыты æххуысæй. — Уыцы ны- хасмæ ризгæ къухæй Светæ йæ хæдзары адрес ныффыста, æмæ та йæ цæстытæ атарытæ сты. ...Æппæт дæр сарæзтон, хабар фехъусын кодтон хица- уадæн æмæ æвзæргæнджыты иугай-дыгай æруыгътой æмæх- сæвæджы. Фæстæдæр рабæрæг, уыдон уыдысты мæ фыды марджытæ дæр. ...Афтæ уыд, ме ’мбæлццон^ мæ фембæлд Светæимæ. Æз ын хорз арæзтон, мæ уд ын хъардтон, уый та кæмæн- дæр куы’ста! Мæнгæй нæ акæнынц: хо’рз ма ракæн æмæ фыд ма фенай. | Уыцы ныхасмæ ныхъхъус Николай Петры фырт, иу- дзæвГар мын м& цæстытæм фæкаст æмæ стæй йæ тау- рæгъм& бафтыдта. —Фæстæдæр мæн командйровкæйы "50
рарвыстой Кавказмæ, æрцыдтæн уæм, мæ зæрдæмæ фæцыд Кавказ, йæ адæм, æмæ ам баззадтæн. Ныр уыныс, æз æмæ ды иу вагоны бадæм æмæ нæ фæндаг цыбыр кæнæм Ленинградмæ, кæддæры Петербургмæ... Николай Петры фырт фæцис йæ таурæгъ, фæлæ ма мæн уæддæр фæндыд, Светæ цы бацис, уымæй исты бæрæг ба- зонын, куы йæм бахатыдтæн, уæд мын загъта: — Æрцæудзыстæм Ленинградмæ æмæ дын Светæйы уым фенын кæндзынæн... 1975 аз. «ÆХСÆРЫЛ СЫФТÆР НАЛ ХÆЦЫ» Уыцы бон институты æмбырдгæнæн залы æз кастæн æмдзæвгæтæ. Студентты æмдзæгъд ’анæрыд, нæ зонын, сæ зæрдæмæ цыдысты, æви æфсæрмæй афтæ кодтой... Æмдзæвгæ кæсыны рæстæджы мимикæмæ тынг æмхиц нæ дæн, фæлæ ацы хатт мæ къухæи ,залы иу чызгмæ æнæ- рхъуыдыйæ ацамыдтон, æмæ райдыдтон дзурын: Мæнæ уе ’хсæн, дунейы рæсугъдтæ, Бады зæрдæсыгъд поэтæн йæ уарзт... Уыцы дзырдтæ мæ дзыхæй нæмæ схаудтой, афтæ чыз- джытæ сусу-бусуйыл фесты. Мæ къух кæмæ фæдардтон, уыцы чызг куыддæр йæхимид асырх. Йæ сатæг-сау цæсты- тæ, зынгау ферттывтой, стæй йæ даргъ цæстыхаутæ, мæ- нæ спектаклы фæстæ, æмбæрзæн сындæг куыд æрæхгæнай, афтæ уæззау æруагъта бынмæ. Æз уæддæр кастæн æмæ схæццæ дæн кулминацион тæппмæ: Аскъæфин æй нæ хæхты бæрзæндмæ: Уый уым фенид фыццаг хурыскаст. Уый уым фенид, поэты зæрдæйы Куыд фидар, куыд тыхджын у уарзт! Чызг та фæстæмæ .бакодта «æмбæрзæн» — схæцыд ,йæ уæздан цæстыхауты^ æмæ мæм æдзынæг нымдзаст. Фыц- цаг хатт банкъардтон сылгоймаджы цæстыты æвæджиау кæлæнгæнæг тых. Æз фæдæн каст, æмдзæгъд анæрыд, фæлæ хъусгæ ницыуал кодтон, кастæн, фæлæ уынгæ ницыуал крдтон.- Цахæмдæр царрг^с мæ -йæ ныхтæ фæсагъта, сис- та мæ бæрзонд, тынг бæрзонд,.арвы тыгъдадмæ. .Стæй .^æ .51
уырдыгæй рауагъта, сæрбпхъуырæйттæгæнгæ, æмæ зæх- хыл мæ «тъæпп» фæцыд. \ ыцы цæфмæ ме ’муд æрцыд- тæн. Фехъалау дæн, мæ хъустыл ауад: «бис-бис!» Æппын- æрæджиау мæхæдæг дæр нымдчæ^ъд кодтон æмæ бахуд- тæн, цæмæн, цæй тыххæй? Афтæ æ ^хъæлын, æмæ мæ разы цы кæлæнгæнæг чызг бадт, уый '-;æй бахудт, æвæццæгæн, уый тыххæй... ...Бонтæ цыдысты уыцы иугъадопæй. Нал æмæ нал æфтыдысты мæ зæрдæйæ уыцы сшнгæппарæг цæстытæ. Цыдæр сагъæсыл мæ бафтыдта йæ фæлмæн мидбылхудт. Æз æй райдыдтон мæ мид-зæрдæйы агурын. Ам, горæты, æввахс искуы хъуамæ цæра, фæлæ кæм, кæцы уынгыл, кæцы хæдзары? Кæй бафæрсон? Цалдæр хатты ацыдтæн институты ’рдæм. Зæгъын ыл кæд искуы мæ цæст схæцид, фæлæ — никуы, никуыцæй ’разынд. «Кæд мыййаг студент нæ уыд, æмæ уæдæ институты цы ми кодтаид?» — фарстон мæхи. Мæ зæрдæйы бæллицтæн дуар гомæй аззадæмæфæй- нæрдæм фæтахтысты, раскъæф-баскъæф мæ систой. Агуырд- той æнæзонгæ сау цæстытæ, хъарм, фæлмæн мидбылхудт... Фæлæ мæм иу бон постхæссæг æрбахаста газеттæ. Рай- дыдтон сæ фæлдахын æмæ«Рæстдзинады» хуылфæй æрхауд чысыл цъæхцъар конверт. Систон æмæ йæ арæхстгай рай- хæлдтон. Бынтондæр æнæзонгæ къухфыст. Кæй фыстæг уыдзæнис? Кæй Ъæрдыл æрлæууыдтæн, чи мæ æрхъуыды кодта? Чызджы къухфыст кæй у, уый фæхатыдтæн. фæлæ мæ хæрæфырттæй ахæм къухфыст никæмæн-ис. Уæдæ ма чи уыдзæн?.. Райдыдтон ;фыстæджы ’фыццаг рæнхъытæ кæсын: «Курæг дæ дæн, æмæ мын мæ фыстæг бакæс сусæгæй, ахъуыды кæн хорз æмæ-иу æй стæй пецы баппар. Мæ къæй- ных ми дæм кæд мæнмæ фыд-зæрдæдзинад равзæрын кæ- на, уæддæр-иу мæ дам-дуймаг ма фæкæн. Мæ фыстæг-иу мьгн сусæгæй бакæс». Æз кæсын фыстæг, æххæст кæнын æрыгон чызджы куырдиат. Хъуамæ дзы иунæг рæнхъ, иуг нæг дзырд дæр мачи.базона. Æз уый сараздзынæн. Фæлæ чи уыдзæн, чи мæм фыссы? Ех, тæхуды, уæдта уый куы уаид, уыцы ’хсæв мын мæ зæрдæйыл пиллон арт чи баф- тыдта. Цы хорз уаид! Æз фыстæг цинæй аньгхъуырин æмæ уаид мæ зæрдæйы æвæрд. Уадз æмæ уырдыгæй хъуысæд зæлдаджы хуызæн тæнæг гæххæтты сыбар-сыбур. Уый мын уырдыгæй рæвдауид мæ сагъæстæ, дауид сæ йæ фæлмæн, уа^здан æнгуылдзтæй. Мæ уд æнкъарид æнцойад. Æз уаин амондджын. Хур уаид мæ риуы, цырагъ дарид мæйдар æх- сæвы мæ развæндагмæ. Уьгцы чызджы сатæг-сау цæстытæ мын суаиккой царды айдæнтæ. 52
Æз кæсын фыстæг, куыд хъавгæ фыссы, куыд рæсугъд æвзаджы хицау у. Æммыст, мæ къона, демæ цæрынæй бафсæд. Дзур мын ноджыдæр, дзур. Ма ’рлæуу, æз дæумæ хъусын. Ма тæрс, æз дæ ныхæстæ никæмæн зæгъдзынæн. Уыдон искæмæн ницы цымыдисаг сты. Уыдон æрмæстдæр мæн сты, уыдон хъуамæ æрмæстдæр æз хъусон. Куыд? Куыд? Уыцы æхсæв дæуæй никуыуал ферох уьг- дзæнис, зæгъыс? «Цæмæн дæ федтон» мын дзурыс? Нæ, ныууадз, чызгай, дæ ныхæстæ, ды цыдæр кæлæнгæнæг дæ, уыдон æз хъуамæ загътаин. Ды мын мæ дзырдтæ «адав- тай», уыдон мæ сагъæстæ сты... Дзур, дзур, æхцон мын у дæ дзыхыдзырд. «Æз бирæ фæхъуыды кодтон дæумæ фыстæг фыссы- ныл...» Цымæ цæмæн афтæ дзура, цымæ мæнæй фылдæр фæсагъæс кодтаид? Чызгай, нæ дын зыдтон дæ адрес. Кæм цæрыс, кæцы уынгыл, кæцы хæдзары? Ныр мын ницыуал у... Ныр дæ ссардзынæн. О, фæлæ мæм уыйбæрц хъару куынæ разына, куы дæ фенон æмæ дæм æввахс бацæуын мæ ныфс куынæ бахæссон. Тæрсын æз уымæй, тæрсын, фæлтау æй... Ды, чизоны, мæн æнхъæлыс цахæмдæр фыдуаг. Ды, чизоны, хъуыды кæныс, ома дæ иугæр базыдтон, уæд дæ уынгты цæуын нал уадздзынæн. Нæ, æз хатт мæхиуыл фæ- дис кæнын, цæмæн дæн афтæ æнæхъару сылгоймаджы раз. Æз ныр дæр цыдæргъуызон, цæмæйдæр мæхимид тарстæн. Уæд та дыл искуы фембæлдтæн, уæдта мæ хицæнæй дæуи- мæ лæууын бахъуыд, уæд дын цы хъуамæ зæгъон? Иу хатт дæ бафæрсдзынæн: куыд дæ? Дыккаг хатт, æртык- каг хатт, æмæ та цыппæрæм хатт дæр. Уæдæ куыдтæ дæ? Ды мæ сфæлмæцдзынæ æмæ ацæудзынæ. Дæ фæстæ æз фæсмон кæндзынæн: афтæ дæр ын куы загътаин, уфтæ дæр ын куы загътаин, фæлæ дæу нал фæнддзæнис мæ фенын. 0, фæлтау макуы, макуы фембæлæм кæрæдзийыл. Уадз, æмæ мæ зæрдæйы сагъæстимæ дæу мысгæйæ цæрон. «Уарзын дæ» уый зæгъын дын мæ бон никуы суы- дзæнис. Уæд æз æфсæрмæй басудздзынæн. О, фæлæ дын æз уæддæр дæ фыстæг кæсын. Кæсгæ нæ, нуазын æй дой- ныйау. Кæмдæриддæр уай, фæцæудзынæн дæм. Дæ фæс- тæ зилдзынæн, мæн тавдзæнис дæ уынд, дæ сырх къабайы фенд. Дæ даргъ дзыккутæ мын хъыдзы кæндзысты мæ зæрдæйы тæгтæ. Дæ фыстæг дын бакастæн, фæдзырдтай мын дæ хабæрт- тæ. Институты ахуыр кæныс, ацы аз фæуыдзынæ каст, ацæу- дзынæ æмæ кусдзынæ, хъомыл кæндзынæ рæзгæ фæлтæ- ры. Фæлæ мын иу дзырд дæр нæ загътай, ацы фыстæг 5а
дын цы ’нкъарæнтæ ныффыссын кодтой, уыдон тыххæй. Дæ фыстæг фæуд кæны, мæнæ ацы рæнхъытæй, бар мын ратт æмæ сæ зæгъон: «Æхсæрыл сыфтæр нал хæцы...» æмæ стæй бирæ тæппытæ. 0, уыцы тæппытæ загътой цы- дæр, æппæт дæр... Фæдæн дын дæ фыстæг каст; Мæнæ кæронæй дæ ном æмæ дæ мыггаг фыст: «Есиаты Зæринæ». Мæхимидæг сæ- дæ хатты уæддæр сфæлхат кодтаин дæ ном. Дæхийау рæ- сугъд æмæ уæздан ном. Дæ сау цæстытау мыл дæ ном дæр уарзты цæхæр æрбакалдта. Уарзты цæхæр нæ! Уый æндæр цыдæр у, ноджы карздæр, ноджы хуыздæр чи у, ахæм цыдæр, фæлæ йын ном нæй, ном. Цы йæ схонон?.. Æз æй схонин: зæрдæйы сæдæ рæсугъд бæллиццы сæр. Фæлæ æгæр даргъ ном у. 0, даргъ ном у, фæлæ йын хуыздæр ни- цы æрымысдзынæ. Ныр мæ зæрдæ æрынцад, фæлæ мын баризы, цыма йыл исчи къæртайы дзаг уазал дон раскъæры, афтæ фæ- вæййы: мыййаг мæ хæстæгмæ куы базонай æмæ мæ куы- нæуал бауарзай. Цы? Куыд загътон? «Бауарзай?» Æмæ мын афтæ дзурын æмбæлы? Кæсыс, мæхицæн цы бартæ дæттын! 0, мæ ныхас дæм ма фæхъыг кæсæд. Цы кæнон, æз аф- тæ дæрзæг дæн, нæ зонын чызджы зæрдæмæ фæлмæн уарз- тæй бадзурын. Чизоны мын нырмæ дæр уымæн нæ уыд уарзон. Æвахс мæ чи зоны, уыцы чызджытæ ме ’мгæрæт- ты нæ цæуынц. Æз нæ дæн, чизоны, ды цы «зæд» агурыс, уый хуызæн. О, фæлæ мыл дæхи мауал атигъ кæн. Мæ цæстытæ кæмфæнды уои, агурдзысты æрмæстдæр дæу, æмæ дæ ссардзысты. Æз дæ ссардзынæн, Зæринæ! Æмæ дæм кæд бауæндон, уаэд дын сусæгæй азардзынæн: «Æхсæрыл сыфтæр нал хæцы...»
ХАТЫН Хатын æз, дæ зæрдæ мæм нæ тасы, Афтæмæй мæм бахудыс фæлмæн. Халон мын мæ чъылдыммæ ныууасы, Æмæ зоныс, уæ чызгай, цæмæн? Алцы дæр мын ивгъуыды бар баци, Цардыл ма мæ дæндагæй хæцын. Абон мемæ удхæссæг фæбалц и, Фæлæ ма ’нхъæл: алцæуыл хъæцын. Фездæхтæн æм, асхуыстон æй былæй, Арф комæй ма сыхъуыстис йæ хъæр. Æмæ ныр мæ зæрдæйы рæбынæй Сулæфыдтæн дзагриуæй, куыддæр. Фæлæ хатын: мемæ нæй дæ зæрдæ, Нал мæм худыс, иухаттау фæлмæн. Алкæмæй дæн, чизоны, æвзæрдæр, Чизоны дæ.цæстытæн фæлм дæн. Фарстытæ мын агайынц мæ уды, (Бонзонæг дын искæйтау нæ дæн,) "Цал азы хæссын мæ сæр мæ худы, Цас ма баззад — ацæуон мæрдтæм?.. ■Фестæд иу мæй, иу къуыри дæр фестæд, Иу боны цин мин аз у мæнæн. Уарзты мидæг не схырызи ме ’стæг, Тугдадзинты туг кæны цæвæн. 55
Æз æнкъарын: уарзын дæ, уый хатыс, Не ’рхæсдзынæн æз дæ удæн маст. Хатыс æмæ ды дæхицæн бадыс, Зоныс æй: фæдæн мæ хуымтæ карст. Чидæр та дæ фæлмæн удæй хъазы, Æмæ у йæ рагуалдзæгæй буц. Бады æмæ хъæлдзæгæй нуазы, Нал дæ домы: риуы рухс ыссудз! Уый йæ хаты: тайыс æмæ ’руайыс, Фæлæ у дæ тæхæн базыр саст... Амонд алкæй, сонт сабийау, сайы Æмæ ма кæн, уæ мæ къона, хъаст. Хатын æз: дæ зæрдæ мæм нæ тасы. Фæстаг æмæ фыццаг ды нæ дæ... Искæдбон куы фæтыхсай фыдазы, — Сид-иу мæм: фæзын ма мæм, кæм дæ! Судздзынæн цырæгътæ дын — мыдадзын, Фæлæ-иу мын мауал зæгъ: дæу дæн!.. 18/ХП—87. ЦИН 1989-æм азы 8-æм декабыры дунейы иууыл стырдæр паддзахадты разамонджытæ ССР Цæдисы КП ЦК Генералон Секретарь М. С. Горбачев æмæ Америкæйы Иугонд Штатты президент Рональд Рейган сæ къух- тæ æрфыстой дыууæ хуызы атомон тер- моядсрон хæцæнгæрзтæ скуынæг кæныны Бадзырдыл. Газет «Правда». Иу ыстыр хабар æрцыди, — Дун-дунейыл бафтыд дис. Атомон бомбæтæй хъуамæ Мауал уа зæххыл хъуын-хъис! Афтæ уыд фыццаг хатт царды: Аразай æмæ тæрсай. Аразай æмæ æдзухдæр: «Ай цæмæн хъæуы?» — фæрсай. 56
Афтæ у фыццаг хатт царды: Халай æмæ цин кæнай. Хъуамæ атомон хæцæнгарз Бакæнæм къæхты бын «най». Афтæ у фыццаг хатт царды: Зонд уа халынмæ ыздæхт, Æмæ ноджы дуне дзура: Зонд йæ бæрзæндмæ ыстахт. Афтæ у фыццаг хатт царды: Халæгæй уа дуне буц. Халæгмæ кæсай æмæ дзы Уый дæхимидæг та буц. Афтæ у фыццаг хатт царды: Ма дзурай: кæны мын хин. Халæгмæ кæсай æмæ йыл Ды кæнай дæхимид цин. Æмæ ноджы дардыл сидай: Фехалут, куынæг кæнут! Кæд нæ фæллад зæххæн искуы 'Хцонæй сулæфид йæ уд!.. 14/ХН-87. ÆРТÆСЫФОН КÆРДÆГ Æвзонджы бонты-иу æртæсыфон кæрдæг æртыдтон, иу сыф дзы нысан кодтон уарзон чызджы номыл, стæй- иу мæ цæстытæ бацъынд кодтон æмæ- иу дзырдтон: «уарзы?» «нæ уарзы», æмæ-иу кæд нысангонд сыфтæр ра- тыдтон, уæд-иу зæрдæ схъæлдзæг, фæлæ... Уæрзын? нæ уарзын! уарзын? нæ уарзын!? Уарзтон æз сабийæ усгуртæй хъазын... Ничи мæм хаста уæд уый тыххæй азым. Сусæгæп алчи дæр искæй фæуарзы, Хи та æнхъæлдтон лæг æмæ кардзыд, Чи мын цы зыдтаид азтæ мыл цал цыд? Фæлæ æз систаин ме знаджы арцыл... «Уарзы?» «Нæ уарзы!» Кæрдæгæй хъазын, Удæн ыскодтон цал æмæ цал зын. 5Г
"Никуы ратыдтон — сыфтæй кæй «уарзын», — -Æмæ абон дæр сау маст нуазын. «Уарзы?» «нæ уарзы! уарзы? нæ уарзы!» Дзургæ ныууагътон иу бон мæ хъазын. Бирæ мæ нал хъуыди: фесафон кæрдæг. Æмæ уæд разынди иу чызг æд кæрдæн. Сидтис мæм: гъей, хосдзау, хос, дам, æркæрдæм, Нал, дам, уыдзæни цыхтæн ныккæнæн! -«Уарзы, нæ уарзы, уарзы нæ уарзы». .Дзургæ ’æрлæууыдтæн чызгæн йæ разы. Уый дæр мæм дзуры: «разы дæн, разы!» Æмæ уæд ысхъæл цæвæг адаудтон дурыл, Загътон æз химидæг: фембæлдтæн хурыл. Нал уынын, фесæфт æртæ сыфон кæрдæг? •Загътон, æвæццæгæн, фæззæг æрхæстæг... Удмæ дæр нал цæуы рагбонтау хъазын. Хи уæддæр бафæрсын: «уарзын, нæ уарзын?!» -Æмæ уæд зæрдæйы ыстæхын æрфæнды, Ленчытæ акæны арвы æрфæнты. Ноджы ма ахъазин иухаттау уарзтæй, *Фæлæ æфсæрм кæнын абон мæ азтæй!.. 3/ХП—87 Дардмæ уынджы базонæм кæрæдзи, Раздæрау ыссудзы риуты уарзт. '(Дысон та нæ рæзты алыгъд гæдьт Æмæ та нæ фестæм «фæллой» уæрст.) -Иуæй иннæ — хивæнддæр, зындарддæр, •Фæлæ хъуамæ зæрдæтæ хъæцой. Гъей æрмæст куынæ фенæм кæрæдзи, Уæд нæ удтæн нал вæййы æнцой. ÆМГАРЫ МЫСГÆЙÆ 1986 азы 9 августы, Мæскуыйы, уæззау низи. мæ тох кæнын нал сфæрæзта курдиатджын поэт Козаты Исидор. Уыцы фыдохы уац нын фехъусын кодта поэт Цхуырбаты Иван. Халон, сау халон, мæ сæрмæ, уый цæмæн кæны цъæхахст? Уæ, мæ мадзура æфсымæр, мацы мын кæнай æваст?! 58
Халон, сау халон, мæ сæрмæ, уый цæмæн кæны цъæхахст? Зæрдæ атахтис Мæскуымæ, зæрдæ адæргæй ыстарст... Бахат-ма, Нугзар, Иссæмæ, стæм ын къахырæн æвгъау! Чи ма рабаддзæн нæ фарсмæ, чи ма нын ратдзæн æгъдау?! Фезмæл, уæ, хуыцау, лæг куы дæ, удхæссæджы раз æрлæуу, Ау, сыгъд поэты фæстæмæ раздахын дæ бон куыд нæу?! Хъорнисы кæмттæ, ныхъхъæрзут, уе стьтр хох-хъæбул æрхауд. ’Æмæ йын уæ хъарм хъæбысы бакæнут фæлмæн йæ уат! Уый æндæр ранмæ нæ комы, никуы йын ыскæндзæн ад. Кæд ыл сау марой фæкæнид ам зæрдæхæлдæй пæ мад! Уæ, мæ нымд æмгар, Исидор, ма Мын атагъд кæн, фæлæу, Иумæ фæззæджы къæсæрыл ’ркæрдæм сидзæртæн мæнæу! Зонæм сидзæрæн йæ зынад, мах æй бавзæрстам нæ фаг. Гъеныр равдисæм лæгдзинад, радтæм сидзæрæн фæндаг. Иумæ бавзæрстам æппæт дæр: маст дæр, цин æмæ зын дæр. Ныр нæ «пъартæйыл»1 мæ фарсмæ нал æрбаддзæнис æндæр. Дæу чъылдымæрдыгæй чи.’хста, нал дзы хъусдзынæ рæйын, Фæлæ макуы зæгъ: «фыднизæй æз мæ ингæны сæйын!» Зар хъæлæсдзагæй дæ Ирыл, Ир дæм никуы ’рхаста фау. Иры ауагътай уидæгтæ, Иры суадздзынæ цъæх тау! Ды Ирыстонæн йæ уд дæ, дæ йæ зæрдæйы кæрдих, Æмæ цалынмæ ирон уа — никуы дæм уыдзæнис тигъ... Халон, сау халон, мæ сæрмæ, уый цæмæн кæны цъæхахст, Уæ, мæ мадзура æфсымæр, мацы мын кæнай æваст?! Фезмæл, уæ хуыцау, лæг куы дæ, удхæссæджы раз æрлæуу! Ау, сыгъд поэты фæстæмæ раздахын дæ бон куыд нæу?! Ныр дæ табæтæн йæ уæлхъус Ир æслæууыди йæ къахыл: Сар кæны, Иссæ, дæ зарæг, ох, æрдæгфыстæй фæкъахыр. 1 Иссæимæ, институты ахуыркæнгæйæ, цыппар азы иу пъартæйыл фæбадтыстæм. 59
САБЫР ХЪУЫДЫТÆ НÆ НОГ КОНСТИТУЦИЙЫЛ Нырмæ дæр мах нæ кодтам хъаст, Хæрынæн 1 ын кæрдзын уыд фаг, Фæлæ цыдæр нæ уыди раст, Кæмдæр, цæмдæр нæ уыди уаг. Нырмæ дæр уыд нæ фæнд нæ бар, Нæ сарæзтам нырмæ дæр цъус... Нæ уыдзæн цард ныр дæр лæвар. Лæвар нæ къуым нæ уыдзæн рухс. Уыдтам æй мах: нæ зæххыл, ам Цæмæйдæр у нæ фæндаг цух, Æмæ та ног нæ зæрдæ схъарм, Кæны йæ хыгъд — фыдгул фыдхурх. Йæ уаз рухсмæ уыдзæн ыссæст Йæ цард æмæ кæндзæни тох. Уындзæии уый мæнæн мæ цæст: Чысыл обау ысуыдзæн хох. Нырмæ дæр мах нæ кодтам хъаст. Уыдыстæм мах æмсæр, æмбар. Кæмæдæр уый нæ касти раст. Фылдæр æй хъуыд цæрынæн бар. Нæ ПАРТИ — буц,*æппæт уыдта: Цыдæр кæмдæр йæ нывыл нæу... «Æз дæн хуыздæр», зæгъгæ, дзырдта Кæмдæр, куыддæр кæцыдæр хъæу. Æмæ йын пог иæ ПАРТИ — уаз Ысрухс кодта йæ зонд нывыл: Ыстæм æмсæр ЗАКЪОНЫ раз Фæнды у стыр, фæнды — чысыл... Дæуæн у ныр, нæ ног ЗАКЪОН, Дæ алы дзырд тæрæзтыл барст. Хæххонæн у зæгъын йæ бон: «Æппæт дæумæ у карды карст!»
Ныридæгæн — домбай дæ тых, Кæны цæвæн дæ уæнгты туг. Сæтдзæн фыдгул дæуыл йæ ных, Æмæ кæндзæн йæ цыд нæ дуг! Дæ ныфсæй ныр — ныфсджын нæ зæхх. Нæ зæрдæ ног тыхджын ныррухс... Фæрнæп нын цæр, бæрзæндты тæх, Ды, ЛЕНИНОН РÆСТУАРЗ æнус! Ю/Х-77 * * * Ды мын дзырдтай: «Ды дæ фæлитой, Къæсæрмæ дæр дыл нæй æууæнк». Ныр та дæ хъуыдытæ фæивтай: Æруагътай зæхмæ хи ныллæг... Æмæ та мæн ныр хурыл барыс, Кæм ма дын ис мæ хуызæн гуырд! Æниу, цы дзурыс, уый æмбарыс: Кæмдæр та дæ мæ сæр æрхъуыд... ■Фæдзæхсын дæ: ныууадз дæ митæ! Дæ зыд удæн æмбæхсæн нæй! Æрвылхатт дын æвæрд дæн милмæ. Цы дæ хъæуы, зæгъ-ма, мæнæй?! Ныдздзæгъæл дæн дæу тыххæй пыхсы. Мæ развæндаг — æххæл-мæххæл. Ды нæ, лæджы фырт мыл нæ тыхсы, Æмæ мæ ды æгъгъæд æфхæр... Ысфæлахс дæн, фæлæ нæ уыныс, Кæдæй мыл ис, уæдта «æууæнк»? Мæ мæт дæ нæй: ды фыс æлвыныс, Цæстмæ дæр мæ нæ хоныс лæг. 29/Х1-87
* * * Арвæй нæ, нæ рахауд, чызгай, де стъалы, Уарзтæвдылд уд афтæ ’нцонæй не стъæлы! Хъуамæ ды цæрай, мæ хур, дæуæн кувын, Фæлæ... Зæрдæ уæд кæуын цымæ цæмæн куры? 1985..- МАДÆЛОН ЗÆХХ Æз дæуыл цыдтæн æдзух бæгъæмвадæй, Ме рагъыл нæ фендæуыд хæдон... Рæзтæн æз дæ хъарм риуыл æнæ мадæй, Никуы уыд мæ фыдбонтæн кæрон... Даринаг у хицонтæн «æцæгæлон», Алчи мæ хæцгæ низау æмбæхст. Алчи дæр мæ тыхсты уыд «æнæвдæлон», Нæй, нæ хæцыд уæд мæныл сæ цæст... Иу мыл ды нæ рахгæдтай дæ дуæрттæ, Чизоны дæм мады лæгъстæ хъуыст... Æз цыдтæн дæ уаз риуыл тын нывæндгæ, Иу, дæуæй нæ банкъардтон ысхуыст. Гъеныр дæм цæуын, фæлæ мын мацы зæгъ, Бакæн мын дæ фæлмæн риуыл уат. Барæвдау-иу ды мæ бæсты, уарзон зæхх, Чи кæна мæ сау ингæныл арт! НИЦЫ ДÆ ДОМЫН Арын Уанеты Ваничкæйы ном. Ницы дæ домын, фыды зæхх, иу хъуыддаг æрмæст: «Ма мæ бафæллай», зæгъын мын бауарзæт дæ ц^ест. Дæн дæ’хуймон гал æмæ мын радт хуымгæнды хай„ Рагвæззæджы ды фендзынæ, циу мæ мусы най. М& уой сидзæртæ къæбæрцух — у мæ уды мæт, Ме ’рагъæй сын раласдзынæн æз мæ сау нымæт...
Бавзæрста мæ уд æвзонгæй сидзæры зынад... Цал хатты фæдæн, мæ боныл, царды къухæй над... Ницы дæ домын, фыды зæхх, гайтма мын ды дæ! Ма мыл бахуд, æз дæ уарзтæй хъал æмæ куырм дæн.. Ницы дæ домын, фыды зæхх, у мын ды æрмæст. Худ мын, худ æмæ ызнагæн рахауа йæ цæст! Адæмы рæгъы мын рацу, де уæнгтыл ысхæц. Базон чи дæм у æввахсдæр — хæдон æви кæрц?.. Уадз, дæ хуымон гал фæллайæд, ды дæ къахыл лæуу!' Ацы хатт фыдгулы фæндаг, зонын, махыл нæу. Æмæ хъуамæ мах дæ риуыл самайæм мæсыг. Цалынмæ уа туг нæ уæнгты — не ’рхуыссдзæн дæ зынг:. Курын дæ, мæ буц фыды зæхх, де уæнгтыл ысхæц. Зон-иу: чи дæм у æввахсдæр — хæдон æви кæрц?! 14—XII—8Г ГУЫРГЪАХЪ ФÆНДАГ Шæргъиты К’ь-йæн.)' Ма мын дзур дæ рагсагъæс, мæ хæлар, Ма йæ мыс, мæ зæрдæ дзы фæрыст- Уый фæлтау мын радзур ды нырмæ дын Цал зарæджы ис нæ дугыл фыст... Ма мын дзур: «Гуыргъахъ уыдис мæ фæндаг,, Сау дзулæй дæр не ’ййæфтон мæ фаг». Уый фæлтау мын зæгъ, дæ рыст зæрдæмæ Кæд, куыд бакаст рухсы цъыртты таг?! Ма мын радзур, ма, дæ буц нанайы Мысгæ-иу дæ цæстысыг куыд мызт... Уый фæлтау мын радзур ды, Берлин та Тохы бон уæ къæхты бын куыд рызт. Мауал мын дзур: рагбонты дæ риумæ, Хурмæ бæлгæ, рухсы цъыртт нæ каст... Уый фæлтау мын зæгъ: дæ рыст зæрдæйы Цал аздзыдæй базмæлыд зынг уарзт? •■ :63;
Мауал мын дзур, ма: дæ гом буарыл Сабийæ куыд-иу ныззæбул их. Уый фæлтау мын иу нæртон зард бакæн: «Уæлæ арвыл хурмæ атад мигъ...» Мауал мыс дæ рагсагъæс, мæ хæлар, У уæззау, мæ зæрдæ дзы фæрыст. Уый фæлтау мын радзур ды — нырмæ дын Уарзон чызгыл цал зарæг ис фыст. Ялта, 1966 аз. МÆ ФЫДЫ МÆЛÆНБОН ÆМÆ УЫЙ ФÆСТÆ Мæ фыд Детро 41-аздзыдæй фæмард автомобилон катастрофæйы. 1 Уыд фæззыгон бон, сыфтæр ызгъæлди, Мигътæ, зды мигътæ, ’руæз кодтой арвыл. Ды уæд ацыдтæ райспмæ раджы. Тагъд кодтай æмæ ахызтæ архыл. — Дæн æнæвдæлон, — загътай, — рæстæгыл Хъуамæ фездæхон, куыстаг ысбирæ. Ды цæмæй зыдтай æмæ дæ разы Бабадт «цъæх бирæгъ...» Æмæ ацыдтæ... æз та æнхъæлдтон: Ды мын районæй ’рхæсдзынæ исты... Фæлæ басудза уыцы бон, уастæн, Дзурой хæдзары де ’рцыдмæ хистыл... Ды уæд ацыдтæ æмæ изæрæй Дæу æрбахастой адæм сæ къухтыл. Уæд дæу фенгæйæ, хъарджыты зæйтæ Рацыд мин-минæй хæдзары къултыл. Ды уæд ацыдтæ, фæлæ, ’рвылхаттау, , Нал æрбаздæхтæ хæдзармæ къахæй. | Нал дæ ’рбауагъта уæд дæу удхæссæг, — Ды лæвæрттимæ ’рбахизай архæй! 64
Уыд фæззыгон бон, сыфтæр, бур сыфтæр, Згъæлди, нал лæууыд уый дæр къалиуыл... Иыр æрсабыр ис, æрдз дæр раивта Æмæ, стонг сырдау, риуы нал ниуы. II Ды куы ацыдтæ, уæд цæмæй зыдтон Æмæ д ’ацыдæй хæдзар багæндон. Бæркад алыгъди æмæ устытæн Уæд нæ ихсыд къуым фестад бадæндон. Фарн дæр ацыди, махæй ахъуызыд, Сидзæрты фарсмæ уый кæм бадтаид. Чи-иу нæ федта, уый-иу мид-зæрды «Ех, мæгуыр Петро» хъуамæ загътаид. Рухсмæ ’рыхгæдта цард мæ фæндæгтæ, Саугуыст ма дардта гом йæ дуæрттæ, Фæлæ уымæ та мæн нæ арæзтой Зæнгты — зæнджы магъз, цæнгты — нуæрттæ. Хурда ’хцатау мах систæм хъæубæстæн, Иу сæ бахъæуа дæ сæр истæмæн... Зулмæ ма фæкæс, дæ сын донхæссæг, Дæ лæггадгæнæг кæсдæр-хисдæрæн. Кæд фæрæдыдтæ, кæд нæ сарæхстæ, Уæд сæ карз æлгъыст хъуамæ бабыхсай... Хор-доны хъæстæ ды куынæ фæуай, Уæддæр бафæраз, хъуамæ ма стыхсай. Исчи дын, куыдзау, кæд пæ фæлхортæй Исты раппара, — кув дæ хъысмæтæн. Уый дæр кæд нæ уа, гъе, уæддæр, мæгуыр, Зон, æнæфæугæ нæй дæ куыстагæн. ...Ды куы ацыдтæ, уæд цæмæй зыдтон, Æмæ туг уардзæн уæд мæ сау сæрыл! Чи уыд уый æнхъæл: мæн — дæ буц фырты Исчи ивдзæни уæд йæ сау сæгъыл. 1978 аз. 5. Харебатьг Л.
эмоци Ех, мæ иу цонгхаудæй, Ех, мæ иу цонгхаудæй, Ды мæ рахис цонгыл Куы ’рынцаис уысммæ. Батавин дæ хурау, Батавин дæ хурау, Де уæнгтæн сæ уазал, Де уæнгтæн сæ уазал Фестид зынг уысммæ. Уалдзæгау фæхудис, Уалдзæгау ныххудис, Хи ма дын кæм хонин, Ех, чызгай, мæгуыр! Фæззæджы кæрæтты, Фæззæджы кæрæтты, Уалдзæджы цин махæн, Уалдзæджы цин махæн, Слæвра кæнид тыр. 1979 аз. ÆРГОМ ФЫСТÆГ Мауал мæ нæмут цæстæнгасæй, ма, мæ хъазхъуыртæ, Ахæсдзысты уæ иугай-иугай тагъд нæ хъал гуырдтæ. Иу уæ равзæрстон, иу, æрмæстдæр, — бонвæроны ’нгæс Æмæ мын, хурау, ныррухс кодта мæ фыдæлты къæс. «Удау дæ уарзын» кæй-иу дзырдтон, æвæццæгæн, æрмæст... Уым дæн азымджын æмæ мын ныр акъахут мæ цæст... * * * Фыдæлтæй мын баззад: мæ райгуырæн къуым, Мæ бон у: цæхгæрмæ йыл бакæнон хуым. Мæ номæй нæ тæрсын, цы фæнды йæ фауг > Чысыл уа, стыр уа — мæ Ир у мæ нау! Æрдхæрæнæн баззад мæ фыдæлты кад, Уæйгæнæг уыд се ’хсæн æлгъыстаг, æгад. 66
Нæ сæ зад фæдисы лæджы фырт фæстæ, Нæ чызг дæр цæттæ уыд тыхстыбон хæстмæ. Згæ кæнын никуы нæ уагътой сæ кард, Фыдгулы фæсонтæй нæ ивгъуыдта фат. Гъей, ахæм æхсарджын фыдæлты фырт дæн, Æмæ сын куы сбæззин æз дæр ма фыртæн!.. 1958 аз.
МÆ ИНЖЕНЕР «ФЫД» Уыцы чызджы мын мачи фæхъыг кæнæд. Уадз æмæ ку- сæд, уадз æмæ чингуытæ уæй кæнæд. Æз æм æрвылбон дæр бацæуын, æрвылбон дæр ын сусæгæй, куыд ничи мæ фена, афтæ аивæй фæкæсын йæ сынтбазыр æрфгуытæм. Фæнды мæ, рентгены рухсытау, мæ хъуыдытæ куы ахизиккой чыз- джы риуы. Æмæ куы базонин, мæн тыххæй цы хъуыды кæ- ны... Куыд фæлмæн зæрдæ йын ис, куыд æдыхст у, куыд хи- уылхæцгæ!.. Чызджытæ та куыднæ вæййы, фæлæ ахæм рæсугъд, ахæм уæзданконд, æвæццæгæн, хуыцау нал сфæлдисдзæнис. О, цал хатты мæ фæндыд æз уымæн йæ гуырыкондыл æга- сæй дæр мæ цæст куы ’рхастаин. Фæлæ куыд? Магазинæй æддæмæ никуы рахизы. Æниу мæ, цымæ, цæмæн афтæ стых- сын кодта мæ зæрдæ? Цæмæ мын дзуры: «Дæ цæст ма йын æрхæсс йæ зæнгтыл дæр, уыдон дæр, йæ цæсгомы æвæрдау, афтæ аив, афтæ хæрзконд сты». Æниу æй хатын, хурыгуы- дыны хуызæн чызг, æмæ йæ зæнгтæ дæр зырнæйзылды хуы- зæн уыдзысты. Уый мын мæ зæрдæ нал дæтты æнцой, æн- дæра æз уыцы чызгæн йæ къуыбыр риутыл мæ дæст никуы æрхастаин... Уырны уæ, æз уæд цыхуызæн фæдæн?! Цас- цæр, цасдæр æдзынæг лæууыдтæн æмæ кастæн æвзонг, рæ- сугъд ^ызджы къуыбыр риутæм. Цыдæр æхцондзинад æн- къардтон. Мæ зæрдæ фæдзæхста, мæ цæстытæн дзырдта: «Кæсут сæм, кæсут, кæсут сæм. Бафсадут мæ уыцы дыууæ къуыбыр риуы æхцон уындæй!» ’ О, афтæ уыдис æрвылхатт дæр. Æз-иу æрвылбон дæр æфсæрмгæнгæ бацыдтæн чингуыты магазинмæ. Дард-иу 6?
слæууыдтæн чызгмæ æмæ-иу æй сусæгæй райдыдтон бæр- джытæ кæнын. Æхцон-иу мын уыдис йæ алы. змæлдмæ дæр, кæсын, йæ алы сныхасмæ дæр хъусын. Иæ мидбылты фæ^ худтæй тадысты цæстытæ дæр. «Тæхуды, — дзырдтон-иу мæ- хицæн, — ды кæй артдзæсты зилдзынæ». Хатт-иу чиныг исгæ-исын йæ чъылдым раздæхта. Æз-иу æм уæддæр не 'фсæстæн< кæсынæй. Мæ цæст-иу æрхастон йæ уæхсчытыл, йæ нарæг астæуыл, мæ цæстытæ-иу но* джыдæр уарзт-мондагæй ссыгъдысты. Æрæджы, хæрзæрæджьг уый мæ цæстытæм фæкомком- мæ. Иудзæвгар мæм цыдæр джихкаст кодта, стæй йæ уадул- тæ химидæг базмæлыдысты, туг сæ ахъазыд, басырх сты, цæстыты хаутæ, æмбæрзæнтау, æрыхгæдтой сау зынг цæс- тытæ. Æз сæм уæддæр кастæн æмæ сæ не ’фсæстæн. Æрæ- джиау та ногæй схæцыдысты цæсты хаутæ сæхиуыл, ногæй та разындысты, уарзты судзгæ фæттæ мыл чи æхста, уыцы сау цæстытæ. Ацы хатт ноджы тынгдæр, ноджы ирддæрæй разынд сæ цæхæр. Æз андзыг дæн, ницыуал зыдтон. Уæд фыццаг хатт банкъардтон сылгоймаджы, чызджы судзгæ цæстыты тых. Чысыл ма мæ бахъуыдис, мæ зонгуытыл æр- цæйхаудтæн. Уæдмæ фæзынд иу кленц чызг, уый тасгæ-уас- гæ банцой кодта тырнæнгыл æмæ æрдомдта Мамсыраты Дæбейы «Æхсарбег». Цыдæр хъылмагонд чызг уыд, йæ дзырдтæ мын мæ хъустæ ахуынчъытæ кодтой: «Цымæ та йыл цал хатты бафынæй уыдзынæн». Студенткæ уыдис... Уайтагъд фæбæрæг: йæ «багажы» фæрцы кæй нæ бахаудта институтмæ. Æз æй фæстæдæр базыдтон. Уый уыд нæ го- рæты иу базаргæнæджы чызг. Ахуырмæ йæ арвыста, æхца дæр цъус нæ бахардз кодта, фæлæ чызг никуы фæфидар, никуы йæ айстой. Фæстæмæ æрыздæхт. Æрыздæхт æмæ йæ йæ фыд «йе ’вæрæзæп» бакодта ирон æвзаг æмæ литерæту-" рæйы факультетмæ. Чызг йæ ныййарджытæй цæрæнбонты мадæлон æвзагыл иу дзырд дæр никуы фехъуыста, мад дæр æм уырыссагау дзырдта, æниу ныр дæр не сты уырыссаг æвзаджы мæнæ- мæнæ зонæгтæй, фæлæ, «модæйы» сæрты нæ акъахдзæф кодтой. Ныр чызг балхæдта «Æхсарбег» æмæ йæ ком иваз- дзæнис, афтæмæй кæсдзæнис иæ литературæйы хуыздæр уацмыстæй сæ иуы. Æз бафиппайдтои, уыцы кленц студеит- кæчы дзырдтæ куыд зын уыдысты уæйгæнæгæн. Иæ цæсты- ты мидæг мигъы къуыбæрттæ абадт. Цыдæр æнахуыр æн- гас равдыста. Æз æй афтæ тызмæгæй никуыма федтон æмæ афтæ æнхъæлдтон, мидбылты худынæй дарддæр ницы зо- кы. Ныр ма йæм бакæс, мылазон мигъ фестад, ацы тæккæ 69
сахатыл арв ныннæрдзæнис, фæлæ уæдмæ уыцы кленц сту- денткæ рацыд. Иæ къухты дыууæрдæм рауил-бауил код- та «Æхсарбеджы». Мах та кæрæдзимæ фемдзаст стæм. Чызг асырх, йæ цæстыты хаутæ та уæздан уырдыг æруагъта. Уæвджыйæдæр, уæд цы рæсугъдæй разынд, йе ’рдæбо- ны маст æвиппайды цыма атар. Фæлæ, нæ! Уый æз æрымы- сыдтæн. Чызг та бакодта æмбæрзæн. Акаст, æрдæбоны кленц чызг кæцырдæм ацыд, уыцырдæм æмæ сабыргай йæхицæн сдзырдта. Уый нæ фæнды, æз æй фехъуыстаин: «Мæгуыр уыдзæн, сомбоны дæ къухмæ кæй сывæллон бахауа, уыцы ныййарæг!» Куыд æхсызгон æмæ мын куыд æхцон уыд уымæ хъу- сын! Иу хатт ма сæ зæгъ, мæ нымд стъалы, иу хатт ма мын банкъарын кæн дæ фæлмæн хъæлæсы уыцы æвæджиау, зæрдæ роггæнæг зæлты ад. Нæ, ницы уал сдзырдта, мæнмæ йæ нал равдæлд. Æниу цæмæн зæгъын афтæ: «Мæнмæ йæ нал равдæлд». Æмæ нæ цымæ искуы равдæлд мæнмæ, мæ мидсæнтты мæхи нæ буц кæнын? Бæгуыдæр, фæлæ, чизоны... Чизоны мæ йæ цæст æрцагуры, чизоны мыл æнæнымæц адæмы ’хсæн йæ цæст схæцы, «рæгъауы» астæу мæ равзары. Фæлæ нæ, уый мæхи æрымысгæ у, уый мæнæ афтæ куыд акæнынц, мæгуыр, дам, фынтæй буц, уыйау дзы æз дæр мæхи буц кæнын. Фæлæ цымæ мæ зæрдæйы ныфс цæмæн сæттын, цæуылнæ йын уыр- нын кæнын: уыцы чызгæн æз дæр «æцæгæлон» кæй нæ дæн? Æз лæууын æмæ кæсын, мæ цæст хæссын ног чингуы- тыл. Цин кæнын мæхимидæг. Цымæ цæуыл? Бакæс-ма, уæ- дæй ардæм цал æлхæнæг æрбацыд, цал адæймаджы дзыхæн фехъуыстон: «Ног чиныг мæ хъæуы», «Цы дæм ис ногæй»? «Дзаджейы рухс» мын куы авæрис», «Тагъд дон фурды не ’ййафы» мæ къухты нæ бафтыд, цымæ уæм дзы æфтауцдоны никуыуал уаид?» «Мæнæ дын «Карды комыл», «Уый мын каст у». Æз лæууын æмæ хъусын. Лæууын, хъусын æмæ цин кæнын, фæлæ мæ зæрдыл æрбалæууыд æрдæбоны сæли- уæли чызг æмæ та мыл цыдæр æнкъард улæн атыхст: уый ма кæмæй фæцис? Мæ фарсмæ æрбалæууыд иу ацæргæ хæрзконд лæг. Æз æй зонын, уый æрæджы ацыд пенсийы, бухгалтерæй фæкуыс- та. Цæрæнбонты мадзура, уæзбын, ницæй тыххæй дын райс- таид дæ хъыг. Салам радтынмæ йæм никуыма ничи фæра- зæй. Æз æй куы ауыдтон, уæд иуварс алæууыдтæн, тырнæн- гмæ йæ æввахсдæр бауагътон. Уый мæ базыдта, салам мын радта. Æз дæр ын салам радтон. Уый мæ афæрстытæ кодта, цыдæр дызæрдыггæнæджы каст мæм æрба^одта, цы-
мæ цæмæн? Мыййаг мæ базыдта? Æмæ уæд куыд? Цыдæр æнахуыр æфсæрм мыл дзæлвуисау æрбатыхстис, сдудын мæ кодта, мæхи фæстæмæ райстон. Зæронд лæг йæ мидбылты бахудт. Ноджыдæр та мæ зæрдæ ныосæххæтт код- та, фегуырд та фарст: «Цымæ цæмæн?» Æвæццæгæн мыл йæ зæрдæ бахудт, æмæ уæд æвзæрæй цы сарæзтон? Азым^ джын алцы йæхимæ æмбары. Æмæ уæд цы азымджын фæ- дæн? 0, æхцон улæфт скодтон, мæ хъустыл ауад: — Мæ чызг, цæстæй арæзт нал. дæн, ногæй уæм цы ис, исты ма мын авæр. — Хацырты Сергейы ног уацау «Алæмæт», — уыцы дзырд- тæм чызг чиныг арæхстгай æрæвæрдта зæронд бухгалтеры раз. — Ацы уацауæй «Фидиуæджы» кастæн, уарзт дзы Едысы суарау æнхъизы. — Хъазы зæронд бухгалтер, æмæ йæхи дзырдтæм фæсырх. Афтæ гъе, мæ мæллæг, æрдæбон мыл куы худтæ. — Рафысс ма йæ. Чызг чек рафыста. — Фæлæу-ма, фæлæу, æндæр ма уæм цы ис ногæй? — Æмдзæвгæтæ. — Уыцы ныхасмæ чызг йæ цæст æрхас- та æмдзæвгæты ног æмбырдгæндтыл. Цыдæр дызæрдыг кæ- ны, цыма йæ нæ фæнды. Уæвджыйæдæр, адæймаджы зæр- дæйы уаг куыд æнцонæй фергом вæййы. Цымæ цæмæн ды- зæрдыг кæны, цæуылнæ йæ фæнды зæронд бухгалтерæн æмдзæвгæты чингуытæ рауæй кæна. Æвæццæгæн ыл йæ зæрдæ нæ дары. Зæрæдтæ поэзийæ сæхи хизынц, æмхиц æм нал вæййынц. Фæлæ макæ, ма хахуыр кæн зæронд бухга’лтерыл. — Мæ чызг, цыдæр зивæггæнгæ архайыс, æнхъæл дæн, дæ зæрдæ мыл нæ дарыс, ома поэзийы лæг нал дæ. Нæ, нæ, ма зæгъ, поэзи удæнцой хæссæг у, поэзи — уый æвзонгад у, æмæ æвзонг уæвын кæй нал фæнды, уын йыл сисæд йæ къух, æз нæма фæнд кæнын. Зæронд бухгалтеры дзырдтæм, чызг йæ мидбылты бахудт æмæ уалдзыгон дидин райхæлд. Хуры ирд рухсы тынтæ æр- бакалдысты мæныл дæр, æз мæхимидæг фестъæлфыдтæн. Дыууæ æхсызгон мыл æрцыд уыцы-иу рæстæджы: чызджы мидбылхудт æмæ зæронд лæджы зæрдæмæхъарæг дзырдтæ. Цымæ поэзи æцæг афтæ тыхджын у, ехх, тæхуды, поэт фест æмæ фысс, фысс адæймагады æвзонгадыл, адæймаджы зæр- Дæпы сагъæс чи сура, ахæм уæлмонц æмдзæвгæтæ! Мæ зæрдæйы хъустæ та æхсызгон хъыдзы бакодтой, зæ- ронд бухгалтермæ хъусгæйæ. Байхъус-ма йæм, куыд аив æсы æмдзæвгæтæ, уæд та искуы ферхæц: 71
«Мæ Ир, мæ мæт дæ фидæн у, дæ хъæстæ. Мæ зæрдæйы дæ хъысмæт сайы дзырд. Сæнау хуымæтæг уарзоны ныхæстæн Фæци сæ дуг. Мæты рæстæг æрцыд». Кæсы зæронд бухгалтер сабыр, аив. Йæ алы дзырд дæр ын хъус ахсы, зæрдæ æмдзæвгæйы дзаджджын хъуыдыйæ йæхицæн æвæрæнтæ кæны. — Нæ, дам, æй æмбарæм, — зæронд бухгалтер кæронмæ нæ фæцис каст, афтæмæй сдзырта. — Мæ уд йæ фæхъхъау ацы сыгъзæрин рæнхъытæ ныффыссæгæн: «Сæнау хуымæтæг уарзоны ныхæстæн фæцис сæ дуг, мæты рæстæг æрцыд». Лæгау-лæг хъуамæ лæгау йæ бæстæ, йæ адæмы фидæныл са- гъæс æмæ мæт кæна. Нафийы, дам, не ’мбарæм, — зæронд бухгалтер æмдзæвгæйы авторы фергом кодта. — Æмбарииаг исты уæд, æмбаринаг, стæй йæ æмбарæг уыдзæн. Уыцы дзырдтæм зæронд бухгалтер чек райста, кассæмæ æхца бафыста, æрбаздæхт, «цæуын» сдзырдта. Уый йæ сæ- рæй ныллæг акуывта æмæ рацыд. Ногæлхæд чингуытæ йæ къухæй судзгæ дидинджытау æрттывтой. Æз йæ фæдыл кæс- гæйæ баззадтæн. Фæаууон. Ногæй та æвзонг чызгимæ кæрæдзимæ фемдзаст стæм, ногæй та нæ зæрдæтæ иыдæр æнахуыр æнкъуыст, æнахуыр тарс фæкодтой. Æз мæхи фæхъæддых кодтон, мæ мид- былты бахудтæн. Чызг дæр фæуæндондæр, сæрибарæй æхцон улæфт скодта. Цымæ мыл искуы ахъуыды кæны? Нæ мæ уырны. Уæдæ æппæт адон мæхæдæг мæхицæн зæрдæ фæ- ^ фидар кæныны тыххæй мысын? Уæдмæ чызджы фæл- мæн, рæвдаугæ хъæлæс мæ хъустыл ауад. Цымæ кæимæ дзуры? Мемæ? Мæн фæрсыс? — 0, дæу, цы мæ æлхæныс? ’’ — Æз? — О, ды! — Æмæ цы балхæдтон? Уыцы ныхæстæм мын чызг мæ къухтæм æркаст, æз сыл схæцыдтæн ницы мæм ис, уый зæгъыны охыл. Уый йæ мид- былты фæхудт. «Кæлæнгæнæг»,— мæхимидæг сдзырдтон. Цахæм «цъыкк» мæ ракодта, фæлæ мын цæмæндæр^ нæ фæрыст. — О, — ме ’муд æрцыдтæн, — æуыцы зæронд лæгæн цы- дæриддæр радтай, мæнæн дæр сæ дæ цæст бауарзæд. — Æмæ нырма знон куы ахастай «Æнæном чиныг»,— хъуызгæ мидбылхудт бакодта, афтæмæй мын дзуры чызг. Æз уæйгæнæджы ныхæстæм мæхимидæг сцин кодтон!.. Ау, æмæ чи нæ сцин кæнид? Бахъуыды мæ кодта, йæ цæст мыл 72
«схæцыд». Ацы магазинмæ боы сæдæтæ æрбацæуы æмæ- ацæуы, алкæй чи бадардзæн йæ зæрдыл, фæлæ мæн бахъуы- ды кодта, æз ын никæимæ ивддзаг кæнын. Фæлæ та мæ зæрдæйы цыдæр цинытагфелхынцъ — уый йæ, æвæццæгæн, æгæр «арæх кæй абæрæг кæнын», уымæн мæ бахъуыды код- та. Кæд афтæ ,у, уæддæр афтæ фод. Æгайтма йын æз ни- кæимæ хæццæ кæнын. — Бæргæ йæ ахастон, фæлæ мæм чиныг чи уадзы, хæ- дзармæ йæ нæма ныххæццæ кодтон, афтæ мын æн мæ сых?г айста, Нафийы, дам, бирæ уарзын. — Мæхи рæстытæ кæ- нын, афтæмæй чызджы къухæн чек исын. Ме ’нгуылдзтæ1 чызджы æнгуылдзтыл аныдзæвдысты. Æхсызгон хъыдзы ба- кодта мæ зæрдæ. Чызджы æнгуылдзтæй цыдæр æнахуыр удæнцоп банкъардтон. О, тæхуды,уыцы фæлмæн даргъ æн- гуылдзтæ æгасæй дæ армыдзыхъхъы баууæрд! — Абæрæг та-иу нæ кæн, — куы рацæйцыдтæн, уæд рай* хъуыст мæ фæстæ. Сцин кодтон æмæ фæстæмæ фæкастæн. Æнхъæлдтон, чызг мæнмæ дзуры, фæлæ фыдæнхъл фæдæн. Иу æндæр æрыгон лæппу цыдæр чиныг агуырдта, «ахæм чиныг нæм нæй», загъта йын мæ бонвæрон, ме стъалы. Лæп- пу куы рацæйцыд, уæд æм радзырдта: «Абæрæг та-иу нæ- кæн». О, уыцы дзырдтæ, уазал ихы къæрттытау, мæ зæр- дæйы къултæ куыд ныххостой, куыд æй сæнкъуысын кодтой! Æз рахызтæн æмæ æддейæ уынджы æрлæууьтдтæн, мæн фæныдыд, чи у, мæ сусæг уарзт афтæ кæмæн загъта: «абæ- рæг та-иу нæ кæн», уыцы лæппу? Лæппу мæн хъуыды дæр не ’ркодта, афтæмæй мæ иувæрсты рахызт, æз йæ фæдыл кæсгæйæ баззадтæн: «цымæ чи уыдзæн?» фæрсын мæхи, мыййаг фыдбылызæй цыиæ ис... Ма мæ фæразæй уа, æмæ кæд фæразæй, уæд цымæ мæ тыхтæ куы ’рбамбырд кæнин, æммыст — нæ дзы «фæразæй» уаин? Фæлæ, æвæццæгæн, иæ! Уæдæ мæнæн цæуылнæ загъта: «Абæрæг та-иу нæ кæн?» Æниу мæнæн цæмæн хъуамæ зæгъа, чизоны мæнæй фæл- мæцгæ дæр скодта... О, хуыцау, ахæм зондыл мын мæ сусæг уарзты, мæ ныфсы цырагъы макуы бафтау! Фæлæу-ма, мæнæй уый, æцæгæлон, æнæзонгæ чызгæй дæхицæн ахæм стыр ныфсытæ куы ’вæрыс, уæд дын ц,ы бар ис? Ницы! Мæхицæн та дзуапп радтон. Æмæ мæ уæдæ æндæр исчи бафарстаид, чи ма зоны мæ зæрдæйы конд? Уыцы чызг? Уæд мæнæн дæр загътаид: «Абæрæг та-иу нæ кæн». Цымæ йын уæддæр цæмæн загътаид афтæ? Æниу мæхн хъустæй куы фехъуыстон, се ’хсæн дзырд æрмæстæр цыдæр нахуыр чиныгыл кæй уыд, уый. Уæд ма уыцы рæ- сугъдыл цы хахуыр кæнын! Уæдæ йын æндæр куыд хъуамæ- загътаид? Æммыст, уыцы лæппу чи уыдаид? Ахъавыдтæн, 73-
бацæуон æмæ чызджы бафæрсон, чи дын у, афтæ тынг ыл цæмæн тыхсыс? Цымæ мын æгæр рæуæг ми нæ уаид? Нæ, фæлтау æй уадзон. Чызгмæ куы фæхъыг кæса, куы мын зæгъа, мæ куысты алкæй раз хыгъд нæ дæтдзынæн! Кæиæ йæ ноджы куы фæхъæбæрдæр кæна, куы мын зæгъа, уыцы лæппуйы тыххæй мæхæдæг зонын! Фæлтау лæууæд, фæлтау, мæнæй уый, дæхицæн сбад. Уæдæй фæстæмæ цал хатты ацыдтæн магазины фæрсты, цал хатты мæ мæ зæрдæ ласта чызджы цурмæ, фæлæ-иу цы- дæрхуызон къæхтæ нычъерппи сты, нæ-иу бакастысты зæр- дæйы коммæ. Цæугæ нæ, зонд мæ цæстытæн дæр нал лæвæ- рдта чызджы ’рдæм фæкæсыны бар, æнæуый та мæхимидæг хуылыдз къодахы сыгъд кодтон, Афтæ цыдысты бонтæ. Мæ алфæмблайы алцыдæр уыд сабыр, цард йæ иугъæдои цыдæй цыд. Æрмæст мæ зæрдæйы нал уыд æнцойад, цыдæр сусæг •сагъæс æй æхсыдта. Зæрдæ æмæ зонд кæрæдзи æвзаг нал æмбæрстой. Мæхимидæг æнхъæлмæ кастæн цыдæр æнахуыр цаумæ. Алыг-иу кодтон, цыфæнды уа, уæддæр хъуамæ ба- цæуои æмæ бафæрсон чызджы... Фæлæ-иу куыддæр мага- зины цурмæ бахæццæ дæн, афтæ-иу сæры магъз зæрдæйы рохтыл æрхæцыд. Загъта-иу ын: багъæц, уыцы рæстæг дæр дын уыдзæн... Æмæ ’рцыд. Уын та уыд афтæ: театр’ы цыппæрæм рæнхъыл иунæгæй .æнкъардæй бадын æмæ æнхъæлмæ кæсын, спектакль кæд райдандзæн, уымæ. Хатт, мæ фарсмæ цы дыууæ бандоны ис, уыдоиыл дæр мæ цæст аивтæй æрхæссын, мæхимидæг фæндтæ нывæндын, зæгъын, мæ цуры чи бада^уый уыцы чызгау рæсугъд куы уаид. Æниу мын уымæй цы пайда ис, фæлæ уæддæр зæрдæ хивæнд у. Уыцы хъуыдытæ куыд код- тон, афтæ мæ уæлхъус февзæрдысты, амæйразмæ «Æхсар- беджы» чи балхæдта, уыцы чызг æмæ йæ фыды мад. Чызг йæ билеттæм кæсгæ дæр не ’ркодта, афтæмæй æрбадт, æвæц æццæгæн, загъта: «Афтид бынаты хъуамæ исчи бада». Йæ фенд мын цыдæргъуызон мæ зæрдæ фелхынцъ код- та, æз ахæммæ не ’нхъæлмæ кастæн, мæхицæн ныфс æвæрд- тон, зæгъын, кæд ме стъалы фæзынид, æмæ ныр хъуыддаг чердæм ныззылд! Мæ цæст фыццаг зæронд усыл æрхастон, стæй чызджы дæр нæ ферох кодтон, афтæ фыдцъылыс нæ уыд. Йæ дарæсы кондæй зæгъай, гъе, йæ цæсгомы æвæрдæй, æрмæст йæ иухатты ныхас: «Цымæта йыл цал фынæй бауы- дзынæн», уый мæ зæрдыл куы ’рбалæууы, уæд мын йæ уынд мæ хуылфыдзаума ацæхæраджынтæ кæны. ^Алцæмæй — æнамонд... Аныр . спектакль райдайа, афтæ <фæзынд, æз сусæг сыгъд кæй тыххæй кодтон, уыцы мæлинаг, емæ уыд чидæр — чызгус. Уый, билеттæ йæ къухы, афтæмæй 74
<фыццаг мæ фарсмæ чи ’рбадт, уыдонмæ бакаст, стæй та но- джыдæр йæ билеттыл йæ цæст ахаста, æмæ раст дæн, зæ- гъгæ, уый йæ фидарæй куы бауырныдта, уæд асидт: — Зæринæт, нæ бынæттæ нын бацахстой, кæм æрбадæм? Зæринæты коймæ мæ зæрдæ фестъæлфыд, чызджы пом фехъусгæйæ мæ риуы ныфсы зæйтæ ныссæх-сæх кодтой. Цыма мын мæ алы хъуыддаг дæр, йæ ном ын кæй нæ зьтд- тон, уый къуылымпы кодта, уыйау сбуц дæн. Зæринæт нымдзаст мæ фарсмæбадджытæм, базыдта йæ иу хатты хъылма чызджы, фæлæ йæм дзургæ ницы скодта, бæрæг уыд, зæронд усæй фефсæрмы. Уæдмæ чызг хатыр ку-' рыныл схæцыд. — Бахатыр нын кæнут, мæ фыды мад цæстæй арæзт нæу æмæ уын уæ бынаты уымæн æрбадтыстæм, — йæхæдæг сыстад æмæ зæронд усимæ сæ бынæттæ фæивтой, чызг ме ’ рдæм æрбабадт. Зæринæт мæн куы федта, уæд цыма нæхимидæг фæсырх, фæлæ йæ зæрдæйы тæрæкк æддæмæ нæ равдыста. Æрмæст куыд алы хатт, афтæ та ныр дæр ныллæг хъæлæсæй бахатыд ^ызгмæ: — Кæд афтæ у, уæд нын уæ билеттæ баивут. Чызг æнæзивæгæй авæрдта Зæринæтмæ пæ билеттæ. Уы- дон атагъд кодтой сæ бынæттæм. — Æз кæсгæйæ баззадтæн Зæринæт æмæ йе ’мбалы фæ- стæ. Цымæ йын чи уыдзæн? Йæ хо уа, æмæ сæм æнгæсæй ницы рахатыдтон, йæ мад уа, æмæ æвзонг зыны. Мæ хъуы- дытæ мæ кæдæмыты нæ ахастой, æрæджиау æрхæццæ сты мæ фарсмæ бадæгмæ дæр. Кæцæй мæрдтæй фæзынд, цы амондджын уыдаин, ныр хъуамæ къæбутыздыхт фæуон. Мæ фарсмæбадæг чызджы кæй нæ «бафиппайдтои», уый йын хъыг уыд æмæ йæхимидæг рафт-бафт кодта. Æз мæхи ноджыдæр ницыуынæг скодтон... Цалдæр хатты аиятæй мæ цæст ахастон, Зæринæт æмæ йе ’мбал кæм æрбадтысты, уыцы бынатыл. Сæ фарсмæ ма уыд иу афтид бынат. «Уый мæнæн æвæрд у», — хъуыды кæнын, фæлæ йæ уæдмæ чидæр бацахста. Æз æмæ Зæринæт нæ кæрæдзимæ иу хатт фемдзаст стæм, æхцон улæфт скодтон — «рæгъауы» астæу мæ агуры. Мæхицæн та ныфсы мæсгуытæ ацамадтон. Спектакль райдыдта, фæцис æмæ адæмы æмдзæгъдмæ цыма мæ фынæйæ фехъал дæн, уыйау фестъæлфыдтæн, хъыг мын уыд рухсыты ссыгъд, адæмы базмæлд. Ныры онг æз улæфыдтæн, Зæринæт цы уæлдæфæй улæфыд, уыцы уæлдæфæй, ныр та фæцис æппæт дæр. Къæсæргæронмæ ратындзыдтон, мæхицæн бынат нал 75
ардтон, адæмы ’хсæн Зæринæтыл мæ цæст куы никуыцæй уал хæцыд, уæд. Æрæджийау уæртæ уыдон дæр фæзын- дысты. Зæринæт у хъæлдзæг, йе ’мбалимæ артистты койæ нал æфсæдынц... Мæ цурмæ куыддæр æрбахæццæ сты, афтæ мæм Зæри- нæт барджынæй дзуры: — Хъуамæ нæ ахизын кæнай. — Мæнæй зæгъыс? — Дæуæй, æндæр никæмæй. Уыцы фæстаг дзырдтæм фырцинæй ссыгътæн. Зæринæт мын дзуры, «Дæуæй, æндæр никæмæй!» Чысыл ма мæ ба- хъуыд чызджы мæ хъæбысы ныттухон. «Чи дын у?» — Æрбайхъуыст мæм, Зæринæты фæрсты цы ус цыд, уый цыбæл фарст. — Чингуыты тæккæ хуыздæр хæлар, — æппæлæн дзуапп радта чызг. — Цымæ дæм æцæг афтæ зынын, æви мæ хъазгæ кæ- ныс? — къæмдзæстыгæй бафарстон. — Цæмæн хъазын, дæ фæрцы ма-иу æндæртæ дæр бал- хæдтой чингуытæ, фæлæ нæм цæуылдæр фæхъыг дæ, æви искуы бæлцуаты уыдтæ, нæ тæфтыл куынæуал цæуыс. О,. бахатыр мын кæнут, нæ уæ базонгæ кодтон. Зæринæты фæрсты цы сылгоймаг цыд, уый мын йæхи бацамыдта. Æз дæр ын мæ ном æмæ мæ мыггаг загътон: Мæ мыггаг — Борæтæй, мæ ном — Мырзæ. Ус мæ ном фехъусгæйæ цыдæргъуызон фæхъус; æвæц- цæгæн, хъуыды кодта, зæгъгæ, ма кæм фехъуыстаин ацьг ном æмæ мыггаг. Æрæджиау сдзырдта: — Борæты лæппу, æхсызгон мын у демæ базонгæ уæ- вын, нæ газеты дæ ном цы уацы бын вæййы, уый зæрдиаг- дæрæй бакæсын. Æз дæ ас лæг æнхъæлдтон æмæ ды та нырма хæрз æвзонг куы дæ. — Æгæр мæ ма ссаби кæн, æндæра авдæныл скæудзы- нæн, — хъазынмæ йын аздæхтон йæ ныхæстæ. — Мæ чызг, цал хатты дын загътон, уыцы журналисты мын искуы фенын кæн, — ус Зæринæтмæ уайдзæфгæнæгау бахатыд. — Æдзух мын мæ мад, Мырзæ, дæуæй æппæлыд, фæлæ* уый ды уьгдаис, уый æнхъæл нæ уыдтæн. — Зæринæт цыма мæн æмæ йæ мады раз исты азымджын фæцис, уыйау йæ- хи раст кæныныл схæцыд. Мады ныхæстæм чысыл фæуæндондæр дæн. Зæринæтьг нæ астæу скодтам æмæ афтæм^æй сындæггай цæуæм. — Куыд дæм фæкаст нæ артистты хъазт? — афарста мæ* 76
Зæринæты мад. Æз иудзæвгар ницы сдзырдтон. Тарстæн, зæгъын, сын ме ’нæрхъуыды дзуапп сæ рæсугъд изæры сæвзæргæ æн- къарæнтæ куы фæцагайа. Уæдмæ мад йæхæдæг райдыдта дзурын. Зæринæт мын йæ рæмбынкъæдзæй мæ фарс гæзæмæ æрбацавта æмæ мыл цыма зынджыты зæй рацыд, афтæ фæдæн. Æвæццæгæн мæ чызг фæдзæхста, ома сабыр у. Цæмæй зыдта, æз æнæуый дæр нæ хъавыдтæн дзурынмæ. — «Кремлы куранттæ» сæвæрын æнцон хъуыддаг нæу, стыр тыхтæ йын хъæуы æмæ мын æхсызгон у, æгайтма нæ чысыл Ирыстоны ахæм тыхтæ разынд. — Сценæйы Цоциты Нинæйы иу фæзынд дунейы аргъ у, — дзырд айста Зæринæт. — Цоцион нæ, фæлæ — Мысырхан. Цæмæндæр мæм аф- тæ фæкаст, цыма мын мæ уарзон артистæн йæ ном æмæ йæ мыггаг кæй загъта, уымæй йæ æфхæргæ бакодта. Афтæ ныхæстæгæнгæ мах æрлæууыдыстæм дыууæуæла- идзыгон бæрзонд хæдзары кæрты. Цы хъыг мын уыдис, фæндаг кæй бацыбыр, уый! Фæлæ уæдмæ мæ хъустæ æх- сызгон зæлд ныккодтой... — Зæринæт, сымах уал сыгъдæг уæлдæфмæ уæхи аир- хæфсут, æз та уын уе ’рбацыдмæ исты ацæттæ кæнон,— хатыд мад йæ чызгмæ. Мады уыцы ныхæстæм фырцинæй мæхицæн бынат нал ардтон, ныр мын фæуыдзæн фадат æмæ Зæринæтæн мæ зæрдæйы сусæгдзинад раргом кæндзынæн. Цымæ ма мæ- нæй амондджындæр зæххыл исчи уыдзæн? Уæды онг дæр ыл цал хатты æрхастон мæ цæст. Цал хатты-иу «аззадтæн» фæстийæ æмæ та-иу чызджы рæсугъд, зырнæйзылд æлвæст гуырыл мæ цæстæнгас йæхи æрбатыхта. Фæлæ... Фæлæ мады фæндоныл не сразы чызг: «Фæллад дæн, абондæргъы кусгæ кодтон», — сæфсон кодта æмæ хæдзар- мæ фæцæуæг. Æз дæр, цыма нæ ахсæвы фембæлдæн раст ахæм кæронмæ бæллыдтæн, уыйау «æхсызгонæй» сразы дæн. Æниу мын æндæр цы гæнæн уыд, мад бæргæ загъта, хæдзармæ цом, фæлæ чызг, куыд æнхъæл уыдтæн, афтæ фæлмæнзæрдæ нæ разынд. Æз хæдзармæ цыдтæн æнкъардæй, уæнтæхънлæй. Мæ зæрдæмæ рухсы цъыртт никуыцæйуал каст. Хæдзары дуа- ры цур æппæрст уыд фыстæг, мæ зæрды йæ сисын нæ уыд, йæ сæрты бахызтæн мæ хатæнмæ, мæ дзаумæттæ раластон æмæ мæ сынтæгыл мæхи æруагътон. Мæ цæстытæ æрцъынд кодтон, фæлæ мæм уыцы фыстæг хуыссæджы тæфтыл не 77
’руагъта. Сыстадтæн æм, райхæлдтон æй æмæ дзы бакас- тæн: «Мырзæ, Зæринæты рухс дæ ма бакуырм кæнæд, дæхи мæ хъахъхъæн. Уымæн хицау ис æмæ дын хуыздæр у, дæ- къух сисай искæй усаджы фæдыл цæуыныл». Æхсæвбонмæ мæ цæстытыл цъынд нал ахæцыд, æнæ- уый дæр мæ изæрæй тынг райгонд нæ уыдтæн, сурæгау мæ ракодта Зæринæт, нырма уыцы æфхæрдæй ме ’муд не ’рцыдтæн æмæ та мæнæ йæ уæлвæд дыккаг «дзæхст!» Уæддæр чи уыдзæн фыстæджы хицау? Мæ сæрæй нал хицæн кодта ацы фарст, ме ’нцойад мын байста. Чидæ- риддæр у, мæнæй йæ цы хъæуы, фыдбылыз агуры æмæ йæ æндæр ранæй æрхæссæд. Нæ, хуымæтæджы маргъы мыг- гаг нæ уыдзæнис, æдзухдæр чызджы фæстæ аууонау чи зи- лы, ахæм чидæр у. Фæлæ афтæ цæмæн фысдзæнис: «Дæ къух сис искæйы усаджы фæдыл цæуыныл? Зæринæт кæй усаг уыдзæн, æмæ уæд æз куырм бадæн, чызгыл ахæмтæй куыницы зыны. Науæд кæд афтæ у, уæд ын йæхи хицау чи хоны, уый кæм уыд, мæ бæсты уый цæуылнæ цыд йæ иу- вæрсты? Нæ, ам цыдæр хабар ис, фæлæ цы, уый мæ сæр нæ ахста. Кæд мыййаг хъуыддаг афтæ у, уæд ма æз мæхицæн митын мæсгуытæ цы амайын? Чизоны, фыстæджы хицау раст у. Зæринæт мæ æгæр æнæмæтæй фæуагъта сæ кæрты. Æвæццæгæн йæ зæрдæ сыгъдæг нæу æмæ йын мемæ цæ- уынæн бар нал радта. Фæлæ уый куыд загътон, кæмæн нæу йæ зæрдæ сыгъдæг? Зæринæтæн? Мæхи Зæринæтæн? Æмæ йын куыницы ма зонын, уæд мын уый бар чи радта æмæ искæйы æнæлаз удыл цъыф калон? Стæйдæр кæуыл? Æз æгъуыссæг кæй тыххæй фæдæн, ууыл? Нæ! Уый никуы уыдзæн. Зæринæт авгау сыгъдæг у, кæйдæр фæнды мæн сдыгъуырццæг кæнын, фæлæ ма ’нхъæлæд... Дыккаг бон, æгъуыссæг æхсæв арвитгæйæ, æз бацыд- тæн редакцимæ. Куыстон, кæйдæр уац арæзтон, хъуамæ номыры ацыдаид, фæлæ йын ницыуал фæрæзтон. Редакто- рæн дæр йæ бон æрхъæцмæ лæууын нæу. Цы мыл æрцыд, уымæй мæ нæ фæрсы, фæлæ домы: «Фæтагъд кæн, фез- мæл, ацæттæ йæ кæн, номырмæ нæ хъæуы, цы фæнды фот, уæддæр уыцы уац ничи бакæсдзæн»... Ахæм уавæрты кусгæйæ, куыд уыд, цы уыд, уæддæр сцæттæ уац. Æцæг æй мæ зæрдæйы фæндиаг нæ алæгъзы- тæ кодтон, фæлæ йæ цæмæй исчи бакастаид, уый фаг ын йæ «астæу араст» кодтон. Уацыл мæ къух нæма æрфыстон, афтæ мæ къабинеты тыфыл’тæ калгæ æрбамидæг редактор, цы уыд, цы ’рцыд, уый мын нæ бамбарын кодта, афтæмæй йæ дзыхæй алывыд 78
акалдта, «адæмы мыл ардауыс, адæмимæ мæ кард земæ- фыд скодтай! Цал хатты дын загътон критикон уацтæм дæхи ма ’ппар!» Редакторæн дзуапп радтын нæма бафæрæзтон, афтæ- мæй федде, бæрæг уыд: чидæр æй стæвд кодта. Æниу ын хъæугæ афтæ кæны. Цыдæр йæ удхæссæг федта критикæ- йы, цы ныммыхуыр кæны, уыдон та къодахыл дæр чн нæ сæмбæлдзæн, ахæмтæ. Иæ газеты ныммыхуыргонд крити- кон уацы фæдыл нæ акæсдзæн. Критичы ехсы цъыкк кæ- уыл раныдзæвы, уый йын йæ лæмæгъдзинад зоны æмæ та йæм тымбыл къухæй бавзиды. Уый йын дæлæ уым, уæлæ- уымыты адзуры, стæй телефонæй, уац чи ныффыста, уымæ æрбасиды æмæ сæ «æрæмдзых» кæны. Ома мæн ныууа- дзут, уæхæдæг цыфæнды кæнут. Ныр дæр та афтæ. Æр- мæст ацы хатт афтæ нæ. Æз критикон уац кæуыл ныффыс- тон, уый мæм æрбакодта æмæ йæхæдæг федде. «Уазæг» редакторы мæныл хъæртæгæнгæ куы федта, уæд уый дæр йæ хъæлæс сбæрзонд кодта. Куыд уыд, цы уыд, æрсабыр æй кодтон, ацыд... Æз баззадтæн иунæгæй, уыцы уадтымыгъ та сæры магъз йæ разæй рахæсс-бахæсс кæнын райдыдта. «Хъуамæ Зæринæты фенон, хъуамæ йæ бафæрсон, дысон мыл дуар цæмæн рахгæдта, стæй уый чи у, чи мæм фыссы æртхъи- рæнтæ, уый йæ зондзæнис», — хъуыды кæнын æз. Ныу- уагътон мæ куыст æмæ атындзыдтон магазинмæ. Ацы хатт чиныг æлхæнынмæ нал, фæлæ Зæринæтæй исты бæрæг ба- зонынмæ. Æрлæууыдтæн магазины дуармæ. Лæугæ нæ, мæ къæх- тæ мæ нал бахастой, цыдæр хъуыдытæ мæ ныббастой, нæ мын радтой мидæмæ бахизыны бар. Æз лæууын æмæ кæ- сын Зæринæтмæ, мæ цæстытæн йæ рæсугъд уындæй «дон» дарын. Уый мæ нæ уыны. Уæвджийæдæр, дысон куыд амондджын уыдтæн, Зæринæт мæ æрдомдта, ахизын, дам, нæ кæн. Цымæ йæ мæн сбуц кæнын фæндыд æви истæмæйг тарст. Тарст? Мæ сæры магъз мын ныццавта ацы фарст. Гæнæн ис, æндæра æз магазинмæ дæлфадихсыд куы бадæн æмæ мæм зонгæ цæстæнгас куы никуы равдыста. Ныр уæр- тæ лæууы, кæмæдæр ног чиныг ралæвæрдта. «Ирон адæмы истори документты»? Æлхæнæг фæрсы, агуры йын йæ фыццаг æмæ дыккаг том. Цымæ чи у æлхæнæг, чиныджы мæт æй ис æви Зæринæйы рæсугъд цæстыты? Æлхæнæг маст кæны, ам, зæгъ, нæ уыдтæн æмæ мын йæ фыццаг дыууæ томы æлхæд не ’рцыдысты. Æхсызгон мын у, ирон чиныгкæсæг цымыдис кæны йæ адæмы истори зонынмæ. 79
Æгайтма уыйонг сырæзт йæ уарзондзинад нæ адæммæ, нæ хæхтæм. Æз лæууын æмæ кæсын Зæринæты алы фæзылдмæ дæр, йæ иу бахудт мын мæ зæрдæйы хуры тынты зæйтæ рауадзы. Аныр магазинмæ бацæуон, афтæ та февзæрд фарст: «Цымæ аив уыдзæн?» Раздæхтæн, схызтæн мæ ка- бинетмæ-. Зæрдæ дзы нал лæууы, куыстаг — бирæ, фæн- дондзинад нæй. Зивæггæнджытæ та куыднæ федтон, фæлæ зæххыл адæймаджы сæры магъзæй зивæггæнагдæр нæй. Чизоны, раст нæ дæн, чизоны, исчи мæ хуызæн нæу, фæлæ мæнæн мæ сæры магъз зивæггæнаг у. Зæрдæ, къухты фæ- фæнды исты аразын, сæры магъз та уæд йæхи нычъерппи кæны, дыууадæс цæды къамбец — иуæрдыгæй, уый — ин- нæрдыгæй, уæддæр æй йæ бынатæй нæ феггуырсын кæ- нынц. Уæддæр ме стъолы фарсмæ æрбадтæн, цæстфæсайынæн, цыдæр гæххæттытимæ архайын. Мæ цæст сыл хæссын. Мæнæ авторты уацтæ, редактор сæ мæнмæ æрбарвыста, бакус, дам, сыл, кæуыл та дзы уыд фыст: «Ацы уацы тых- хæй мемæ аныхас кæн». Æвæццæгæн, редакторы фæыды, цæмæй йæ æз йæхи ’рдыгонау рацаразон, фæлæ уый нæ уыдзæн. Мæнæ иу æндæр уац, мад фыссы редакцимæ: «Баххуыс мын кæнут, мæ чызджы æмæ йæ мойы мæ хæ- дзармæ цæрынмæ æрбакодтон, мæ хæдзар сыл ныффыс- тон, ныр мæ сурынц, æвæццæгæн исхæдзарæй мæ мæлæт искæй фæсдуар цæудзæнис...» Мæ зæрдæ мын ныццавтой æнæхицау зæронд усы лæгъ- зтæгæнæн дзырдтæ. Æммыст чи у, уыцы дурзæрдæ чызг? Кæнæ сиахс, адæмы ’хсæн не схъомыл? Æз дæр дзурын, уæд ыл нæ зынид! Уайтагъд фестадтæн æмæ редакторы ка- бинеты смидæг дæн. Радзырдтон ын хъуыддаг. Уый мæм хъусы æмæ нæ хъусы. Æз æнхъæлын: зæронд усы трагеди йæ суацар кодта æмæ уымæн ныхъхъус. Æнхъæлын, ацы- тæккæсахат сисдзæн телефоны трубкæ æмæ фæдзурдзæн органтæм, мæнæн та зæгъдзæн: ацу æмæ мæм райсом фе- льетон æрбахæсс! Мæхимидæг «фыссын» мæ фельетоны рæнхъытæ. Уæдмæ редактор сдзырдта: «Æмæ уым цы ис диссагæй, цард афтæ у, алцы дæр дзы вæййы, ды та дæхи- мæ æгæр бирæ ма ис, адæмы мыл ма ардау». — Кæд дæм ахæм хъуыды уыдис, уæд ацы æрмæг мæн- мæщæмæн лæвæрдтай? — бæфарстон æз. — Ныффысс ыл факттæ раст не сты æмæ йæ сæхгæн. — Уый гæнæн нæй! Дæ газеты кæд нæ, æндæр газет мый ныммыхуыр кæндзæн мæ фельетон, уый уыдзæн. Уый æз сараздзынæн... — загътон æмæ тæвдкалгæйæ рахызтæн 80
редакторы кабинетæй. — Æнæхъæн къуыри бахъуыдтæн уыцы зæронд усы хъуыддæгты фæдыл. Ныммыхуыр мæ фельетон, æрмæст— æндæр газеты. Чи мæ зыдта, уыдон мын арфæтæ кодтой. Базмæлыдысты зæронд усьг хъысмæт кæмæ хаудта, уыцы органтæ дæр æмæ сын бантыст: æнæниз буарæй слыг код- той рынчын буар... •Уыцы бонты мын нал бантыст Зæринæты фенын. Æгæр стыр ныхас нæ зæгъын? «Фенын». Æмæ йæ кæд федтон, емæ мын зæрдæйы фæндиаг ныхас кæнын дæр куынæ бан- тыст, уæд? Мæ сæры зилдух кæнынц уыцы æнæзонгæ лæ- джы æртхъирæнтæ. Уæддæр чи уыдаид, мæнæй йæ цы хъæудзæн? Цыфæнды йæ хъæуæд, чи цы агуры, уый сса- ры! Хъуамæ фенон Зæринæты», — сæры магъзы ныццавта æнæбауромгæ фæндон. Атындзыдтон магазинмæ. Фæлæ... Зæринæт нæ уыдис уым. — Кæм ис? — Фæрсын ын йе 'Мбалы. Уый йæ уæхсчытыл схæцтытæ кодта, ома йын ни- цы зонын. Мæнæн хъыг уыдис йе ’нæмæт дзуапп, уæддæр цæмæн стæм уæлæхох нæ кæрæдзийыл, нæ цард, нæ бон иумæ куы ’рвитæм, уæд? — Бæлцуаты уа? — фæрсын æмæ та уымæн дæр нæ уыд дзуапп. — Фæрынчын? — уый дæр ничи зыдта Æз атындзыдтон Зæринæттæм. Йæ мады йын бафæр- сон, уый æппæт дæр зондзæн. Мад нæ уыд хæдзары. Мæ размæ асинтыл æрызгъордта мæ хæххон сæгуыт. Раст, цы- ма, тархъæды фæдзæгъæл стæм æмæ бирæ фыдæбон, бирæ агурæнты фæстæ нæ кæрæдзи еныр ссардтам, афтæ баз- гъордтон æз дæр йæ размæ. — Мырзæ, мæхи Мырзæ, кæм дæ, кæм фесæфтæ? — Зæринæт! —сдзырдтон цингæнгæ. — Хæдзармæ нæм рахиз? — хаты мæм. Æз джихæй кæсын Зæринæтмæ, уарзты бардуаг йæ зæрдæйы æхгæд дуæрттæ бакодта, æмæ йæ фæнды, ныр мæн куы басудзид, ныр мын мæ риуыл арт куы бафтауид. Æниу дзы цыма цух нæ уыдтæн. — Хæдзармæ уæм нæ бацæудзынæн, фæллад дæн, афон нæма у... Чызг фембæрста, æз ын уайдзæф кæнын, йæ иу æхсæвы хæс ын фидын, уый, æмæ ницыуал сдзырдта. Мæ фæндыл сразы æмæ ацыдыстæм паркмæ. Уыд хъарм, фæлмæн изæр. Леуахийы улæнтæ зарыдысты донычызджытимæ. Мах цæ- уæм парчы аллеяты. Æниу ма кæм ис аллеятæ, парк æга- сæйдæр у идæдз усы кæртау æнæркаст, уæддæр ма бузныг 6. Харебаты Л. 81
Леуахийæн, уый ма йæ фидауын кæны, уымæ кæсгæйæ лæг байрох кæны æппæт дæр. Кæддæр ацы паркыл зынд аудæг лæджы æрмдзæф, ныр ныххæлæттаг, фæлæ йæм адæм уæд- дæр цæуынц. Цæуынц æм сæ фыццаг инерцийæ. Æниу мæн ныртæккæ æппындæр не ’ндавы, нæдæр парк æмæ нæдæр йæ аллеятæ. Мемæ ис Зæринæт, мæ сусæг цин. Уый у хъæлдзæг дæр æмæ æнкъардгомау дæр: — Дæ фельетон дын бакастæн, куыд хорз фыст уыдис, уыцы зæронд усы хъысмæт мын ме ’нцойад байсæфта. — Æгайтма йæ бакастæ, фæлæ йæ хуыздæр фыссын хъуыд. Тарстæн, зæгъын, æй куынæ ныммыхуыр кæной æмæ йæм æххæст мæ зæрдæ нæ радтон. — Уæдæ ма газет уымæй хуыздæр цы ныммыхуыр кæн- дзæн? Дæ редактор дæм нæ фæхъыг? Æндæр газетмæ йæ цæмæн радтай? — Ма тæрс, ахæмтыл нæ мæт кæны мæ редактор. — Уæдæ ма æндæр цæуыл хъуамæ мæт кæна? — Нæй гæнæн, базæронд æмæ тæрсы йæ бынат фесафы- нæй. Уæлдæр, бæрнондæр бынатæн уый нал бæззы, дæл- дæр бынатмæ та йæ сæрмæ нæ хæссы æмæ кусы. Иæдæр уæхсты уадзы судзын, æмæ нæдæр физонæджы уадзы фы- цын. .Зæринæт худы, худын æз дæр. Цæмæн кæнæм искæй кой, фæлæ мæ професси алы хатт дæр расайы дзырд. Ныр дæр та — афтæ. Фельетон ныммыхуыр кодтон æмæ Зæри- нæт кæны йæ кой. Мæхимидæг мын æхсызгон уыдис, æгайтма Зæринæт,. мæ зæрдæйыл мын уарзты зæйтæ чи уадзы, уыцы Зæри- нæт, иронау мыхуыр афтæ бирæ уарзы. Мах цæуæм Леуахийы былтыл уæззау къахдзæфтæгæн- гæ, йæ бынаты ног хиды бынты баивгъуыдтам, ахæццæ стæм суанг Хеиты колхозы хуымтæм. Æз æрлæууыдтæн, чызгимæ иунæгæй кæй баззадтæн, уый тыххæй мæхимид тыхстæн. Цымæ Зæринæт та куыд у, кæсын ын йæ цæсты- тæм. Уый дæр мæм æрбакаст, цыдæр дисæфтауæг цæстæн- гас равдыста. — Магазинмæ арæх нал цæуыс?—фæрсы мæ. — Арæх? Нæ! Куыннæ, бауайын æм æрвылхатт дæр.—’ Мæ ныхæстæ схылы-мылы сты — Цæмæн мæ фæрсыс? — «Фæрынчын» дæн... — Цыдæр ма хъуамæ загътаид, фæлæ мæлинаг, йæ ныхас фескъуыдта, æз ын æй адарддæр кодтон. -т-Æмæ мæн уырдæм мæ къах нал хаста... Зæринæт фæлмæн мидбылхудт бакодта, чысыл йæ уадул- тæ асырх сты, йæ сæр уырдыгмæ æруагъта, æз сæфсæрм 82
дæн, мæ дзабыртæм мын куы фемдзаст уа, уымæй фæтар- стæн. Тагъд-тагъдæй сæ сæрфгæ дæр нæ акодтон. — Мырзæ, иу цыдæр дын куы зæгъон, уæд мæм смæсты уыдзынæ? — Æмæ дæм цæмæн хъуамæ смæсты уон, стæй мын ды ахæм цы зæгъинаг лæ? — Зæгъинаг мæм ис... — чызг ницыуал сдзырдта. Мæ хъуыдытæ скуыстой, схæлбурцъ кодтой, сæрымагъзы фæй- нæрдæм арассон-бассон кодтой. Цымæ йæм уæддæр цы уы- дзæн зæгъинаг? Кæд мыййаг... Нæ, фæлтау, мацы зæгъ... Уадз уыцы зæгъинаг дæхицæн, дæ дзыхыл цъутта бакæн, дæ зæрдæйы дуæрттæ йыл ныхгæн. Згъудеры къуылдымæй бур-бурид арсы хуызæнæй æр- каст мæй. Сындæггай йæхи сивæзта арвы тыгъдадмæ. Дза- уыкомы ’рдыгæй рог уæлдæф раулæфыд æмæ Зæринæты къабайы кæрæттæ банкъуыста. Мах хæцæм нæ кæрæдзийы къухтыл, мæнæ цыма чысыл сабитæ стæм, æмæ адæмы рардзы ’хсæн фæдзæгъæлæй тæрсæм, уыйау. Зæринæты фæлмæн æнгуылдзтæ уæздан, куыднæ йын фæриссой, аф- тæ æрбалхъивын. Хъуысы мæм йæ зæрдæйы цæф. Бæрæг у,; йæхимидæг цæуылдæр тынг стыхст. Мæн фæнды йæ хъуы- - дытæй йæ фæиртасон, дур систон æмæ йæ Леуахийы арфы нывзылдтон... Уæддæр æм зæгъинаг цы уыдзæнис? Фæрсын мæхи, фæлæ дзуапп нæ арын. Хъуыдыты ацыдтæн. Æрæджы дæр ма æнæрцæф чи уыд, ныр уыцы чызг мемæ куыд сразы паркмæ, кæнæ иу æхсæв театрæй рацæугæйæ мæнмæ куыд къæйныхæй баха- тыд, хæдзармæ, дам, мæ ахизын кæн. Æммыст æй æз æр- вылбон куыд уыдтон, мæ цæст ыл алкæм куыд хæцыд, цы- мæ уый дæр афтæ уыд? Адæмы бардзы астæу-иу мæ ссард- та, йæ цæст-иу мыл схæцыд?.. — Мырзæ, — сдзырдта чызг, — æз æнамонд дæн. О, нырмæ афтæ æнхъæлдтон, мæхи æнамонд хуыдтон. Аууо- нау мæ фæдыл зилы сау æндæрг æмæ мын байста ме ’нцо- йад, — уыцы ныхæстæм Зæринæты цæстытæ доны азылды- сты. Æз андзыг дæн. Чызг мын ме уæхскыл йæ сæр æр- уагъта æмæ сдзырдта: — Ныр æз амондджын дæн, ды дæ мæ фарсмæ. Мацы мын зæгъ, Мырзæ, æз æппæт дæр зонын, афтæ хуыздæр у, уадз не ’взæгтæ мацы дзурæнт, уыцы хæс уадз æмæ æххæст кæнæд нæ цæстытæ, нæ зæрдæтæ... Æз цыма зынджы къæртмæ æвнæлдтон, уыйау сындæг, арæхстгай мæ армы тъæпæнæй фасæгау æрдаудтон Зæри- нæты сæрыхъуынтæ. Мæ армытъæпæн ссыгъд, мæ риуыл; арт сирвæзт. ’ ,. , 83:
— Зæринæт, мæхи Зæринæт, — мæ дзырдтæ* цыма- зын- джы стъæлфæнтæ^ сты,. уыйау мын судзынц ме ’взаг. — Амондджын ды нæ, амондджын æз дæн!.. Уыцы ныхæсты фæстæ йын йæ нарæг астæуыл мæ къух æрбатыхтон, мæ рнумæ йæ æрбалвæстон. Ноджы мæм тынгдæр сæхъуыст чызджы зæрдæйы цæф. Тарст цъиуау рызт. Уый- нæ. уыд монцы аххос. Уый уыдис цыдæр æна- хуыр... Æз суагътон мæ къух æмæ чызг ныуунæргъыдта. — Мырзæ, æдзух ды мемæ, мæ фарсмæ куы уаис, уый мæ фæнды. Куы дын улæфин дæ комы тæф, дæ русыл дын мæ рус куьг сæвæрин. æмæ афтæмæй куы бафынæй уаин... Сау æндæрг зилы мæ фæдыл, сау æндæрг мын байста мæ удæнцой. Æрмæстдæр, æрмæстдæр мæ ды фервæзын кæн- дзынæ уыцы сау æндæргæй. Æз афтæ æнхъæлын гъеныр дæр цыма ис ам æввахс кæмдæр, æвиппайды фæлæбур- дзæн æмæ нæ дыууæйы дæр аныхъуырдзæн. Зæринæйы ныхæстæм мæ зонд зæрдæйы рохтыл æрхæ- дыд æмæ цыма мæ фынæйæ райхъал дæн, уыйау фæдæн. «Сау æндæрг». Цæй кой кæндзæн, науæд чи у уыцы сау æндæрг? Ныр æз сындæггай æмбарын байдыдтон, уыцы сау æндæрджы аххосæй Зæринæт кæй фергом, фæцырын- дæр ын кодта йæ уарзондзинад. Цымæ уый æцæг афтæ у? Уарзы мæ? Æмæ уæд нырмæ кæм уыдис? Нырмæ мын æр- гомдæрæй цæуылнæ æвдыста йæ уарзт? Нæ! Ам цыдæр ис... Фæлæ цæмæн? Чизоны, йе ’взаг æрмæстдæр æххæст кæны зæрдæйы фæндон æмæ йын уый куыд зæгъы, афтæ дзуры мæнæн дæр. Уыцы хъуыдытимæ мæ зæрдыл æрлæу- уыд мæ иу æхсæвы сусæг фыстæг, ме ’нæзонгæ лæджы æрт- хъирæнтæ. Уыцы сау æндæрг уый ма уа? — Зæринæт, иугæр нæ кæрæдзимæ фергом стæм, уæд мæ мацы .бамбæхс. Чи дын у уыцы сау æндæрг, цæмæй дзы тæрсыс? Дæ уд дæ бар у, чи дын æм цы бар дары? — Афтæ ма дзур, дæхæдæг алцыдæр куы зоныс. Лæгæн йæ уд йæ бар никуы вæййы. Ды мæ фæрсыс сау æндæргæй. Æз дын радзурдзынæн æппæт дæр, ды хъуамæ зонай, дæ фарсмæ чи лæууы æмæ дæ уарзтæй чи судзы, уыцы чызг цавæр дывыдон арты судзы, уый. Зæринæт мын мæ уæхскыл йæ сæр æркъул кодта æмæ мын афтæмæй мæ цæстытæм скаст. О, цас уарзт уыд уыцы дыууæ сау цæсты... Цас фыдæх уыд уыцы дыууæ сау цæс- ты!.. Мах æрбадтыстæм цъæх нæууыл. Мæй дæр йæ куыст кæны, тулы цæлхыдзагæй арвы риуыл, Хеиты хъæуæй нæм райхъуыст хъыхъхъаг куыдзы рæйын, æмæ Зæринæт цы сау æндæрджы кой кодта, уый мæ зæрдыл æрлæууыд. 84
Ахæмтыл фæрæйынц ^куыйтæ ;дæр. Чизоны, уым, искуы •кæмдæр, кæйдæр кæртмæ бакæс-бакæс кæны... —Иу æхсæв театрæй куы рацыдыстæм, уæд дæ æз ба- зонгæ кодтон ’мæ мадимæ. О, мæ мадимæ, æндæр -дын æй •куыд схонон,, уый *ме ’цæг -мад нæу. Фæлæ йææз мæ ный- йарæг мадæй никуы ахицæн кæндзынæн. Мæнæн нæй ный- йарæг мад, уый раджы амард, æз æй нæ зонын, æз æр- мæстдæр зонын уый, мæ хъомылгæнæг мады. Уый у хæ- ларзæрдæ, рæдау, хъæбулуарзаг. Афтæ уыд йæ мой дæр. 'Фыдау мæ рæвдыдта, фыды уарзтæй мæ уарзта, фæлæ ба- бын...'Ныр авд азы æз дæн æнæ фыд... Дæхæдæг мын фед- тай мæ мады, нырма чызгус у. Йæ мойы фæстæ кæдмæ бадтаид æмæ мидæгмоймæ æрбакодта иу инженеры... Инженеры коймæ Зæринæты хъуыр ахгæдта, цыдæр зæгъын ма йæ фæндыд, фæлæ йæ бон сдзурын нал бацис. «Цымæ йын дзырд «инженер» йæ зæрдæ цæмæн фел- хыскъ кодта?» Ацы фарст мæ ныццавта. — Уыцы инженер, — райдыдта та Зæринæт дзурын,— мæ мадæйзына-нæзына уыд кæсдæр, æддæмæ куыдуæзбын зынд, мидæгæй йæ зæрдæ йæхи афтæ дарын нæ фæрæзта. Мæ мад уыцы хъуыддаг æнæбафиппайгæ нæ фæци, фæлæ йын æй йæ цæстмæ никуы бадардта. Уый æнхъæлдта, ин- женер у, бынат ахсы, царды æмæ йын адæмы ’хсæн кад ис, йæ зæрдæ хъал у æмæ уымæн афтæ у... Мæ мадимæ куы бацард, уæд мæныл цыд фынддæс азы. Уыцы бонты æдзух уыдтæн æнкъард, цыдæр уазал комытæф разылд нæ хæдзары, чизоны, афтæ нæ уыд, фæ- лæ мæнмæ афтæ каст. Мæ мадыл нæ зынд æнкъарддзинад. Ницæмæ дардта йæ ног мойы хиадтæ. Уыйхыгъд-иу ын æз сбарстон йæ алы ми дæр мæ фыдимæ. Инженерæн йæ ацыд йе ’рбацыд мæ зæрдæйæн нæдæр æнкъарддзинад хастой æмæ нæдæр циндзинад. Æдзухдæр узæлыд мæ мадыл, æз æй никуыцæй æндæвтон, «айрох»-иу дæн мæ мадæй дæр, фæлæ мæм уый хъыг нæ каст, мæ фыды фæстæ бирæ маст бавзæрста æмæ-иу æй йæ ног инженер мойы цур хъæлдзæ- гæй куы федтон, уæд-иу мын æхсызгон уыд. Афтæ цæргæйæ мæ мад æмæ йæ мойыл ацыд дыууæ азы, алцы дæр нæм уыд фыццагау сабыр. Мæ мад ницы адджын кодта йæхицæн, уый хатыд йæ инженер мой дæр æмæ-иу ын йæ зæрдæ тынгдæр балхæныны тыххæй. æхца лæвæрдта, дæ чызгæн, дам, исты алхæн. Хатт-иу мын йæ- хæдæг дæр хъуамæ исты алхæдтаид, фæлæ-иу мын æй раз- вæлгъау никуы схъæр кодта, стæй-иу мæ мад дæр куыстæй куы ’рцыд, уæд-иу цытджын æгъдауæй загътаид: «Абон иу дзаума федтон æмæ йæ мæ чызгæн балхæдтон». 85
Дзырд «мæ чызг» æз уымæй фыццаг хатт куы фехъуы- стон, уæд мæ скæуынмæ бирæ нал хъуыд. Уыцы дзырдтæ æз хъуыстон мæ сабийы бонтæй фæстæмæ æндæр нæлгой- ’магæй— мæ фыдæй. Уый дзыхæй рацæугæ дзырдтæй-иу мæм цыдæр хъарм æрбакалд, мæ зæрдæ-иу хуры фарсмæ абадт, цы-иу мын балхæдта, уый дæр-иу нæ ныддиссаг кодта. Цал хатты мæ рахаста фыццаг майы, кæнæ та Октябры бæрæгбонты йе уæхсчытыл трибунæйы рæзты. .Ныр мæм инженер дæр «мæ чызг» дзурын куькрайдыдта, уæд мын цыдæр æнæуынон фестадис... Мæ зæрдæйыл-иу мын, цыма исчи арц ныццавта, афтæ-иу фæдæн, фæлæ-иу, ’цæмæй мæ мад ма фæхъыг уыдаид, йæ зæрдæ-иу ма фæ- рыстаид, уый тыххæй-иу ницы загътон. Мæ инженер фыдæн никуы ничи уыд, мæ мады йедтæ- мæ, кæдæмфæнды цыдаид, хъуамæ-иу æй< йемæ акодтаид. Уыдон-иу фæстæмæ æрбаздæхтысты хъæлдзæгæй, мæ сын- тæджы уæлхъус-иу слæууыдысты æмæ-иу мын сæ хъуамæ алчи дæр аба кодтаид. Æвддæс азы мыл æххæст кодта, фæлæ сæ райдайгæ æгъдау уæддæр нæ рох кодтой. Иу хатт та æрбацыдысты кæцæйдæр, æз цæмæндæр се ’рба- цыдмæ^нæ бафынæй дæн. Мамсыраты Дæбейы «Æхсарбег» кастæн’ æмæ мæ цыдæр рог хъуыдытæ сæ базыртыл систой, мæ цæстытыл уад Æхсарбег. Афтæ мæм каст, цыма Æх- сарбег нырмадæр йе фсондз арæзт нæма фæцис... Стæй хæйрæджыты ком... Куыд тынг фæтарст йæ уарзон. Стæй йæ Æхсарбег йæ тыхджын цæнгтæй куыд фелвæста... Чызг лæппуйы хъæбысы куы æрчъицыдта, уæд цард цы рæсугъд ацыд... Уыцы хъуыдытæкæнгæйæ фæцыд дуары уынæр, æз фынæйы ’фсон акодтон. Алы хаттау та мæм ныр дæр æр- бацыдысты мæ мад æмæ мæ инженер «фыд». Фыццаг мын мæ мад мæ русæн рæвдаугæ, фæлмæн ба акодта æмæ гар- деробы цурмæ йæ дзаумæттæ ласынмæ ауад. Уæдмæ-мæм æргуыбыр кодта мæ мады мой, мæ «фыд» æмæ мын уый та аба кодта мæ былтæн. Раст мæ цыма Кæфхъуындар фæ- цæйныхъуырдта, афтæ.фæдæн, фæлæ мæхи нæ басастон — «фынæй дæн». Уæдмæ мæ инженер «фыд» мæ цурæй ацыд. Æз мæхимидæг ссыгътæн, йæ налат ми мын мæ зæрдæ сцæхæраджынтæ кодта, æхсæв-бонмæ нал бафынæй дæн. Райсомæй аходæн куы хордтам, уæд æз уыдтæн æн- къард, нæ мæ фæндыд инженер кæм уыд, уырдæм бацæ- уын. Уыйхыгъд мæн йæ чызг чи хуыдта, уыцы инженер уыд хъæлдзæг, худт æмæ худын кодта мæ мады дæр. Стæм хатт-иу мæм цыдæр æнахуыр каст æрбакодта. Ахæм рæс- тæджы-иу дзы айрох цæуыл дзырдта, уый. Йæ хъуыдыты- 86 •
•иу фæдзæгъæлтæ... Иæ дзырдтæ ма-иу загъта куыддæр ам цæф, уым цæфтæй... ...Цыдысты бонтæ... Æз фæдæн астæуккаг скъола каст æмæ кусын райдыдтон чиныгуæйгæнæн магазины. Уый нæ фæцыд мæ мады зæрдæмæ, фæндыд æй æз мæ ахуыр куы адарддæр кодтаин, .фæлæ мæ фæнд нал аивдзынæн, уый куы базыдта, уæд мæ нал бакъуылымпы кодта. Æз куыстон æмæ уыдтæн мæхицæй буц, мæ фыццаг ’мыздæй мæ мадæн лæвæрттæ балхæдтон. Мæ инженер «фыд» дæр фæцин кодта мæ лæвæрттыл. Ныр, дам, нын ис, чи нæ фæдара, уый. Иæ митæ мæ зæрдæмæ нæ цыдысты æмæ мæ уый тыххæй нæ хæдзармæ æрбацæуын нал фæн- дыд, уый-иу кæрдзын кæм хордта, уыцы стъолы фарсмæ нал цыдтæн. Иу хатт мæ мад йæ цæгатмæ ацыд, йемæ хъуамæ ацы- даид йæ мой дæр, фæлæ йæм телефоны фæдзырдта, куыст, дам, мын бирæ ис. Æхсæвы æрбацыд æрæгмæ. Æз æм бан- хъæлмæ кастæн æмæ стæй схуыссыдтæн. Мæ зæрдæ цæ- мæндæр йæхимидæг тыхст, æнцой нæ ардта, архайдтон ба- фынæйыл, фæлæ мæм хуыссæг тæфтыл не ’рцыд. Фæсæх- сæвæртæй ахызт, афтæ фæзынд... Мæ сынтæджы цурмæ æрбацыд æмæ та слæууыд мæ уæлхъус, йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп мæм æрбайхъуыст, мæ уæнгты цыдæр æнахуыр тас азгъорста. Уæдмæ мæ фын- дзыл аныдзæвд нозты тæф. Мæ «фыды» былтæ мæм кодтой æввахсæй-æввахсдæр. Æз мæхимидæг бандзыг дæн, раст мæм цыма зайлаг калм йæ дзых ныххæлиу кодта æмæ мæ аныр аныхъуырдзæн, афтæ фæдæн. Уый мын мæ русæн аба кодта, стæй мын мæ русыл йæ рус авæрдта æмæ сдзы- рдта: «Тæхуды искуы афтæ æнæмæтæй бафынæй у». Мæ хъустыл ауад йæ къæхты хъæр, фæлæ та фæстæ- мæ æрбаздæхт, мæ дæлфæдтæм æрбадт æмæ мæм иу- дзæвгар æдзынæг фæкаст, стæй сыстад æмæ ацыд йæ уат- мæ. Æз æнцонæй сулæфыдтæн. Фæндыд мæ сыстон æмæ мæ дуар сæхгæнон, фæлæ тарстæн: мыййаг, æхгæд дуар куы фæтагъддæр кæна, æз цæмæй тарстæн, уыцы хъуыд- даг, мыййаг куы фергом уа мæ инженер «фыд»... Уыцы æвирхъау хъуыдытæм мæ зæрдæ сæнкъуыст, зонд нал ахста, цы ма бакæна, уый. Дуар сæхгæнон, ма сæхгæно- ныл ныццауæзтой мæ хъуыдытæ. Цы фæнды фот. Æппын- фæстаг фæуæлахиз дуар мидæгæй сæхгæныны хъуыды, ’æмæ сыстадтæн, дуар ричъийæ куы æхгæдтон, уæд та мæ хъустыл ауад ’къæхты хъæр. Инженер лæууыд фæсдуар, æмæ иугæр уый куы базыдта, æз дуар сæхгæдтон, уæд ацыд. 87
Ацыд, фæлæ мæн баййæфта, цæмæй тарстæн, уый. Райсомæй мæ мады мой уыд æнкъардгомау, зындис ыл, цыдæр зæгъын æй фæнды, фæлæ йæ зæгъын нæ фæразы. Æз дæр нæ уыдтæн хуыздæр уавæры. Мæ маст хъуырмæ схæццæ æмæ мын уым сæхгæдта мæ улæфæнтæ. Мæн фæндыд, ацы æдзæсгом куы фергом уаид, æмæ йын æп- пæт дæр куы зæгъин, куы йын зæгъин, налат кæй у, уый. Фæлæ ахсæнæй рынчын сабийау хæкъуырццытæ кæнын не сфæрæзта, афтæмæй ацыд йæ куыстмæ. Хуыссæнтæ куьт тыхтон, уæд йæ хъæццулы бынæй рахауд фыстæг. Æз æй мæ къухмæ систон, «Зæринæтмæ», зæгъгæ, йыл >уыд фыст æмæ уый куы акастæн, уæд цыма мæ къухтæ тæвд цæ- хæры фæцавтон, афтæ мын ссыгъдысты. «Цымæ мæм цы фысдзæнис? Хорзæй ницы! Афтæ нæ, — хъуыды кодтон æз, — цыфæнды фот, уæддæр æй хъуамæ бафснайон æмæ йæ стæй мæ мадæн бакæсын кæнон, уадз, базонæд, налатимæ кæй цæры, æппæт уыдæттæ... Фæлæмын уыцыиу рæстæджы мæ зæрдæ ныццавта æндæр хъуыды: «Чизоны, ацы фыстæджы мæпæй хатыр куры, уæд æйг æгæр ма сцæхджын кæнон. Æз тæригъæд кодтон мæ ма- дæн., уый йын нæ ныббарстаид, дæндагæй йæ бахсыдта- ид... Уæд та уал æй мæхæдæг бакæсон, кæд хатыр кураг уæд ын æй ныббардзынæн, нæ йæ схъæр кæндзынæн мæ мадæн дæр. Æрмæст æз ацæудзынæн нæ хæдзарæй. Уадз, мæн тыххæй ма фесафæд мæ мад йæ дыккаг амонд. Фæ- лæ,' цымæ, ахæм лæджимæ цæрын амонд хуыйны? Н.æ, уым амонд нæй, цыран гадзрахатдзинад æлдариуæг кæ- на, уым’ амондæн нæй йæ койгæнæн дæр. Бирæ мидса- гъæс. бирæ мидтохты фæстæ сыхæлдтон мæ инженер «фьь ды» фыстæг. Æз бандзыг дæн. Масты къуыбылой ссыд мæ хъуыр- мæ, сæхгæдта мын мæ улæфæнтæ æмæ хуыдуг кодтон. Иæ алы дзырд, йæ алы рæнхъ дæр мæм дзы фæкаст хъæстæ калмау, æппæт рæнхъытæ та кæлмыты гуцъула, æмæ цы- ма мæ къухты схæлбурцъ кодтой, цыма мæм се ’ппæт дæр растадысты æмæ мын мæ хурхыл сæхи æртыхтой, афтæ мæ хуыдуг кодтой. Уый фыста: «Мæ чысыл Зæринæт! Ис ахæм æмбисонд: «Адæйма- джы цæсгомы царм у хъæдындзы цъарау тæнæг, фæлæ куы аскъуыйы, уæд къамбецы цармау ныббæзджын вæй- йы». Æз нæ зонын, мæ цæсгомы цъар кæд аскъуыд, фæ- лæ иу хъуыддаг бæлвырд у, æвæццæгæн дын фынæйæ дæ былтæн куы аба кодтон, уæд. Фæлæ нæ, сайын, уый раз- мæ раджы райхъал мæ зæрдæйы дæ чысыл уарзт: уæд æз дæ мадимæ нæма цардтæн, ды уыдтæ рæсугъд, рæсугъд, 88
мæнæ уалдзæджы фыццаг .дидинау, дæ иу фенд-иу цæ- зæрдæйæн ,лæвæрдта царды ныфс, фæлæ ды нырма чысыл уыдтæ, дæ онг йæ бынаты нæма æрбадт. Хъуыды ма кæ- ныс, ну хатт театры Плиты Харитоны поэмæ «Сæлимæт»- æй скъуыддзаг куы бакастæ, уый? Уæд æз бадтæн разæй, каст куы фæдæ, уæд дын æз дæ къæхты бын баппæрстон дидинджыты баст, абон та дын дæ уыцы къæхты бынмæ æппарын мæ уд. Æз уыцы ’хсæв аскъуыддзаг кодтон: «Ды хъуамæ бауай мæн. Мæн! Æндæр никæй! Уыцы ’хсæв æз лæууыдтæн дуаргæрон æмæ хъахъхъæдтон дæу, уæдмæ фæзындтæ, зæрватыччы лæппынау, дæ мады дæллаг хъуы- рæй цъыбар-цъыбургæнгæ мæ иувæрсты рахызтæ, кæсгæ дæр мæм не ’рбакодтай, æрмæст мын дæ риумæ иылхъыв- тай мæ лæвар дидинджыты баст. Мæнæн мæ зæрдæйыл рацыд æнахуыр уарзты зæйтæ. Сымах ахызтыстут мæ иу- вæрсты æмæ æз дæр уæ фæдыл фæцыдтæн гуырæй-гуырмæ, мæн фæндыд, кæм цæрут, уый уæддæр зонон. Æмæ уæ базыдтон. Дæуæн нал уыд фыд. Æз рацыдтæн мæ зæрдæ- йы ныхмæ, бацардтæн дæ мадимæ. Бацардтæн, цæмæй æз уыдаин дæумæ хæстæгдæр, уыдтаин дæ, афтæмæй цар-д- тæн дæ мадимæ — дæ хъомылгæнæгимæ. Дæ хъомылгæнæг мады цæстмæ дæ æз дæр хуыдтон «мæ чызг», фæлæ о, уыцы дзырд зæгъынмæ ме ’взаг куыд- нæ куымдта тасын! Фæстагмæ, бонтæ, мæйтæ куыд цыдыс- ты, афтæ мæ зæрдæйы уарзт кодта цырынæй-цырындæр. Ды мæ цæсты раз сырæзтæ, дидин рафтыдтай. Ме уæнг- ты-иу мæ туг ныссæх-сæх кодта де ’стъæлфæппарæг цæс- тытæм-иу куы фемдзаст дæн, дæ къуыбыр риутæм бакæ- сьтны фадат-иу мын куы фæцис, уæд. Æз никуы уарзтон дæ мады, уый уыд æрмæстдæр иллюзи, уымæй æз фæсайд- тон уый дæр æмæ мæхи дæр. Æз зонын, мæ ацы фыстæг мын куы бакæса, уæд йæ зæрдæ сæнкъуысдзæнис, æмæ йæ кæсгæ та/æнæмæнг ба- кæндзæнис, уымæн æмæ ды мæнæн мæ ацы фыдракæнд нæ ныббардзынæ,- нæ йæ басусæг кæндзынæ дæ мадæн. Фæ- лæ уадз, цардмæ зылын кæсæнтæй мауал кæсæм не ’ртæ дæр, фæлæ æцæгæй цард куыд у, афтæ дзы нæхи фенæм. Æз фæуд кæнын мæ фыстæг, æмæ уыимæ фæуд кæнын дæ мадимæ мæ царды рæстæг дæр. Æз цæуын æмæ уæм фæстæмæ нал æрбаздæхдзынæн, мæ ацы фыстæджы фæс- тæ мæнæн сымахимæ цæргæйæ нал у. Фæстаг хатт ма дын .зæгъон: мæ хъуыддæгтæ амон- джын лæджы хъуыддæгтæ не сты, мæ рæдыд зонын — хъуамæ æз дæ мадимæ ма бацардаин. Ныр мæ хъуыддаг лугæр афтæ рауад^с, уæд æй хъуамæ кæронмæ ахæццæ* / 89
кæнон, ды хъуамæ бауай мæн, æрмæстдæр мæн! Зæри- нæт ба дын кæнын æмæ афтæмæй цæуын. Чизоны та ацы фыстæг кæй уадзын, уый дæр рæдыд уа, фæлæ цы бакæ- нон? Хуыздæр амал не ссардтон. Стæйдæр цалынмæ уæр- дон нæ афæлдæхы, уæдмæ фæндæгтæ нæ разынынц. Фенынмæ уал, мæхи чысыл хур! Дæхи «...». Зæринæт фыстæг каст куы фæцис, уæд æй йæ армы дзыхъхъы аууæрста, хъуамæ йæ аскъуыдтæ кодтаид, фæ- лæ йын æз йæ къух ацахстон. — Æрис æй мæнмæ, искуы нæ бахъæудзæн. — Мырзæ, мæхи Мырзæ, зæгъ мын æз исты рæдийын, исты аххосджын дæн, мæн хъæбулау чи фæхъомыл кодта, уыцы адæймаджы раз? — сдзырдта Зæринæт æмæ йæ рустыл ныггæргæр кодтой ставд цæссыгтæ. Æз ын йæ сæр мæ риумæ æрбалхъывтон, афтæмæй йын дзырдтон: — Бынтондæр ницы, дæ зæрдæ сæууон суадонау рæ- • суг, сыгъдæг у, —дзырдтон Зæринæтæн. — Зæгъ-ма мын, дæ мад зоны ацы фыстæджы хабар, науæд йæ мой хæ- дзармæ кæй нал цæуы, уымæн йæ аххосаг? • —Зоны сæ, — æнкъардæй дзуапп радта чызг. Зæринæтæн раргом кодтон, иу æхсæв цы фыстæг бай- йæфтон къæсæрыл, уый сусæгдзинад. — Дæумæ дæр райдыдта æртхъирæнтæ? — Æмæ цæмæй бæрæг у, чизоны, уый нæу æртхъирæн- гæнæг. Банхъæлмæ уал кæсæм, фæстæдæр æппæтДæр ра- - бæрæг уыдзæнис. — Нæ, Мырзæ, аргъæвæн ын нал ис. Дæ хабар цæуыл- нæ фехъусын кодтай органтæм, уый у, уый йеттæмæ æндæр искæмæ дæ зæрдæ ма ’хсайæд. Зæринæт мын айста мæ фыстæг, æркастис æмæ та но- джы бæлвырддæрæй загъта: — Уый у, мæ инженер «фыд»-ы къухфыст у. Дæхи дзы хъахъхъæн, йæхи загъдау, йæ цæсгомы цъар аскъуыд - æмæ уый ныртæккæ алы фыдбылыз дæр сараздзæнис. — Зæринæт, тæрсгæ ма кæн, фæцис сылгоймаджы хъыс- мæт тых æмæ ирæд куы лыг кодтой, уыцы рæстæг. Æрмæст дæ мад хъуамæ алцы дæр зона, ма йын басусæг кæн ■ фыстæджы хабар. — Мæ мад алцыдæр базыдт’а, йæхæдæг мæ æркуырдта - фыстæг дæр. Иæ мой нæм куыннæуал цыдис, уæд æм йæ- хæдæг ацыдис агурæг. Мæнæн ницы загъта, йæ мид-зæр- дæйы хатыд, йæ царды фæндтæ кæй ныссуйтæ сты, уый. Фæлæ йæ куыддæр хъуыддаг фергом кæнын нæ фæндыд. * Иæ цæгатæй куы ’рбаздæхт, уæд мын мæ цæстытæ рæ- •сыдæй, сырхæй куы федта, уæд иуцасдæр сдзурын нал 90
сфæрæзта, фæлæ мæ фæрсгæ ницæмæй бакодта. Мæн фæн- дыд йæ хъæбысмæ мæхи куы баппæрстаин, куы йын ра- дзырдтаин æппæт дæр, фæлæ мæхиуыл ныххæцыдтæн. Куы йын загътаин: «Мæн тыххæй дæ цард хæлы», фæлæ мæ бон нæ бацис. Уыцы ныхас æм куыд бадзырдтаин? Нæ мæм ра- зынд уый фаг хъару. Йæ мой йын хъуыддаг цыбырæй бам- барын кодта æмæ йæ стæй бафæдзæхста: «Кæд ма дæ хъуыддæгтæ лæмбынæгдæр базонын фæнды, уæд мæ фыс- тæг ис дæ чызгмæ, райс æй æмæ дæ цæстыты баст рай- хæла...» Мæ мад хæдзармæ куы ’рбацыд, уæд мæм фæсидт. Æз æм бацыдтæн. Уый уыдис тугдзыд адæймаджы хуызæн. Иæ бон сдзурын дæр нал уыд. Иудзæвгар мæм æдзынæг фæкаст. Стæй мыл йæхи æрбаппæрста: — Мæ чызг, мæ зæрдæдарæн, æз алцы дæр зонын, æз дæ уыцы куйхорæн хæрын нæ бауадздзынæн, — загъта -æмæ ныккуыдта. — Æз æй хатыдтон, мæ зæрдæ æппæтдæр æнкъардта, мæ хæдзары налат лæг кæй бацард, фæлæ мæ нæ фæндыд йæ фергом кæнын, тарстæн дын, тарстæн мæ- хицæн, фæлæ цæмæй, уый не ’мбæрстон... Мæ цурæй-иу сыстад, уыцы сывæллон, дам, йе ’мбæрзт ма аппарæд, суазал уыдзæн. Иу хатт та дæм сыстад—абарæг, дам, <ей кæнон, æз йæ фæдыл ацыдтæн, уый дын дæ хъæццулыл схæцыд æмæ дын æдзынæг каст дæ риутæм. Æз уыцы æх- сæв нал бафынæй дæн, фæлæ уæддæр мæхиуыл ныххæ- цыдтæн. Ныр æппæтдæр æмбæрстгонд у, бузныг хуыцауæй, æгайтма йæхæдæг сыстад æмæ нæ хæдзарæй йæ сæр фе- сæфта, — загъта мæ мад æмæ та ныккуыдта. Ныккуыдта йæ сæфт амондыл, сайды кæй фæцис, ууыл, æмæ мæныл... Æз æм радтон фыстæг, уый йæ айста, фæлæ йæ мæ цуры нæ бакаст. Дыккаг бон уыцы фыстæг уыд мæ сын- тæгыл, фыстæг æгасæй дæр уыд цæстысыгæй хуылыдз. Мæнæн ма хъуыддаг цы зонын хъуыд? Бакаст æй цæс- сыгимæ. Изæры куыстæй куы ’рцыдтæн, уæд мæ мады цæстытæ уыдысты рæсыд. Мæн нал фæндыд нæхимæ, нал мæ фæн- дыд мæ мады цæстытæм бакæсын. Фæлæ мæ мад рæузонд нæ уыд, уый алцыдæр йæхимидæг сбарста. Фæхатыд, йæ дæстæй мæхи кæй хизын уый, æмæ мæм æрбацыд: — Мæ чызг, ды ницы азымджын дæ, æз мæхиуыл нæ мæт кæнын, мæнæн мæ зæрдæ æвдæрзы, дæ нæхин зæрдæ- мæ дын арс-лæг кæй фæныхылдта, уый. Ма йыл хъуыды кæн, ферох кæн æппæтдæр, дæ фидæн разæй ис æмæ йæм ду. Цу йæм æнæхин, æнæзæрдæ рисгæ. Ды мæ чызг дæ, мæ 91
хъæбул, уый йæ намыс бахордта, йæ къухмæ йьгн нуазæн ничиуал ратдзæнис. Æнамонд æз нæ дæн, æнамонд уый у, царды йæ фæндагыл чи ныдздзæгъæлтæ ис. Уыцы бонæй фæстæмæ мæ мæ мад иунæгæй никуыдæм уал уагът.а, æдзухдæр цыдис мемæ. Иу æхсæв театры куы уыдыстæм, уæд уый мæн тыххæй рацыд. Уый театртæ нал æндæвтой. Йæ дыккаг бон æз мæ инженер «фыдæй» рай- стон æртхъирæнтæ... Мырзæ, дæхи дзы хиз. Йæ цæсгомыл йæ къух чи систа, уый у тæссаг адæймаг. Тæссаг у мæ ин- женер «фыд» дæр. Ахæм æбуалгъ хъуыддаг йæ сæрмæ чи бахаста, фыццаг мæ мадимæ чи цдрд, стæй та мемæ чи сфæнд кодта бацæрын, у.ымæн цæсгом нал ис. Æз хъуыстон Зæринæтмæ æмæ мæ цæстытыл уадысты цыдæр æвирхъау нывтæ. .Уыцы æлгъаг фæнд йæ сæрьг куыд сæвзæрд? Хъуыды кодтон æз æмæ кастæн Зæринæ- ты æнæхин цæстытæм. Иæ ном зæгъынæй дæр ме ’взагæн ссудзынæй кæмæн тарстæн, мæ уыцы сусæг уарзт Зæри- нæты цас маст, цас мидхъизæмар уыд! — Мырзæ, мæ ныхас дæм æгæр къæйных ма фæзынæд,. æз дæ «Мæхи Мырзæ» куы схонон, уæд. Цæмæндæр мæм афтæ кæсы æмæ æрмæстдæр ды, æрмæстдæр мæ ды бам- бардзынæ, мæ зæрдæ мын дзуры: «Уый у дæ цæугæ хох, дæ цæугæ мæсыг». Мырзæ, мæхи Мырзæ, æз дын æпæт- дæр радзырдтон, фæлæ дын нæ загътон, мæхи дæм цæ- мæн фæкъæйных кодтон, уый. Фæлæ мацы зæгъ, æз æп- пæтдæр зыдтон, æз зыдтон, ды магазинмæ арæх цæмæн цыдтæ, уый дæр. Зæринæты ныхæстæм мæ æнкъард хъуыдытæ æрбатары сты, æхцон улæфт скодтон. — Ды мын, зæгъгæ, никуы ницы кодтай, фæлæ мын уыйхыгъд дæ цæстытæ дзырдтой æппæт дæр, — йæ ныхас адарддæр кодта Зæринæт, — хъуыды ма кæныс, иухатт сихор кæныны рæстæджы нæм хуын куы ’рбахастай. Ме ’мбал мæ мæстæй мардта, нырæй фæстæмæ, зæгъ, хъуамæ сихор кæнынмæ демæ цæуон, дæ фæрцы, дам, хæрд — лæ- вар, æмæ зæгъ, æхца æрæмбырд кæндзынæн. Ды мæм уæд фемдзаст дæ æмæ чысыл ма бахъæуа мæ уидыг мæ къухæй æрхауа, дæхæдæг дæр фæсырх дæ... Уыцы æхсæв æз Зæринæтæн радзырдтон, мæ зæрдæ мæм куыд æмæ цы дзырдта уый. Уый мæ риуыл йæ сæр æрбакъул кодта, афтæмæй мæм хъуыста. Цалдæр хатты-иу мæ бафæндыд Зæринæтæн" фæлмæн ба акæнын, фæлæ мын мæ зæрдæ уый бар никуы радта. Зæринæт-иу мын рæв- дкугæ скаст мæ цæстытæм. Раст мыл-иу цыма исчи их- джын дон рауагъта, афтæ-иу ме уæнгтæ цыдæрхуызон 92
срызтысты. Уый нæ уыдис уазал, уый нæ уыдис тас, уый уыдис цыдæр сусæг цин-. Адджын, æхцон, зæрдæроггæнæг! Фæстаг хатт мæ ныхас балхынцъ кодтон: — Зæринæт, ныр ды зоныс æппæт дæр, ды дæ, мæ зæр- дæ æдзух кæй кой фæкæны, ды дæ мæ цæст адæмы астæу «æппæты фыццаг кæй рауары, мæ уыцы удлæууæн! Бын- тондæр ма хъуыды кæн, нырмæ цы уыд ууыл. Æрмæст мын сразы у æмæ тæккæ райсом дæр нæ цард баиу кæнæм. — Афтæ тагъд? Уанцон нæу, мæ мад цы зæгъдзæнис? — Дæ мад дæр æрулæфдзæн, дæ мæт уымæн бирæ у, тйæхи дæм не ’ргом кæны, æндæра дын тæрсы. Тæрсы дын кæфхъуындары дзыхы куы бахауай, куы дæ счъизи кæна... — Мæ мад дæ зоны, аргъ дын кæны, æрбацу нæм æмæ йемæ баныхас кæн. — Бацæудзынæн уæм, Зæринæт,—загътон æмæ мæ былтæ чызджы былтыл андæгъдысты... Зæринæт иудзæвгар андзыгау, сыхъуыст мæм йæ зæр- дæйы тæрк цавд, стæй, цыма йæ тарф фынæйæ фехъал, уыйау фестъæлфыд æмæ мæнæй йæхи атыдта: — Журналист, «интервью» афтæ нæ фæисынц! — æмæ фæцæуæг. Æз мæ бынатæй нæ фезмæлыдтæн, аив нæ фæ- тсаст мæхимæ дæр, фæлæ ма ныр цафон, стæй мыл мæли- наг цы хуызæн дзырд ныццавта! Интервью, дам, афтæ нæ •фæисынц! Зæринæт мæнæй цалдæр къахдзæф æддæдæр æрлæу- уыд. Дæлбыл къутæрæй цыдæр къæхты уынæр ауад мæ хъустыл. Цымæ цы уыдаид, куыдз? Æмæ ам цыми код- таид? Зæринæт мæм фæстæмæ æрбаздæхт: — Ацæуæм, æгæр бадт нын фæцис, афонмæ мæ мад адæргæй йæхи æрбахурх кодта. — Хатыр. дæ курын, Зæринæт, мæхи дæр нæ фæндыд, ды бакæнон, мæхи нал баурæдтон. — Лæг хъуамæ йе ’нкъарæнтыл хæцын зопа, ронбæгъ- дæй сæ ма хъуамæ уадза уынгты. Æмæ цы аразай, ууыл та-иу хъуамæ фыццаг хъуыды акæн, стæй-иу ыл мауал фæсмон кæн... Зæринæт мæ цæстытæм æрбакаст æмæ мæм фæлмæн, рæвдаугæ йæ мидбылты фæхудт. Фæхудтæн æм æз дæр, фæлæ ацы хатт æнкъард æмæ къæмдзæстыгæй. Мах цæуæм фæрстæй-фæрстæм. Парчы ничиуал уыд. Æрмæст ма хъахъхъæнæг разил-базил кодта æмæ йæхп- мидæг зарыд... Мæ цонгыл мын ныххæцыд Зæринæт. — Мырзæ, дæ цуры мæ зæрдæ æдас у. Ацы æхсæв мæ 93
никуы ферох уыдзæнис. Искуы куы мæлон, æмæ мæ исчи куы фæрса: дæ царды иууыл хуыздæр бон кæцы уыд, зæгъ- гæ, уæд ын æз зæгъдзынæн ацы æхсæвæй. Æз Зæринæтæн йæ астæуыл мæ цонг æрбатыхтон, аф- тæмæй цæуæм. Уый у хъæлдзæг, ме ’нæрцæф сæгуыт нал тæрсы. Иæ тæнæг къабайæ мæнмæ ’ндавы йæ буары хъарм. Уый мын тавы мæ зæрдæ, æз хатын Зæринæты хъæддых буар. Сындæггай йыл мæхирдæм æрбахæцын, æмæ туг сæры ныццæвы. Зæринæт, мæлинаг, æппæтдæр хаты, фæлæ ома, ницы хатын, æнæбары мын мæ цонгыл рахæцы, суадз мæ, мæ астæу мын цъæл кæныс, зæгъгæ. Цæуæм æмæ дзурæм алцæуыл. Зæринæт мын ракодта" йæ куысты кой. Æз æй бафарстон: — Чиныгуæйгæнæн магазин цæмæн равзæрстай? — Уымæн ис йæхи аххосаг. — Уæддæр цы? — Æз арæх хъуыстон ирон чиныг, дам, ничиуал кæсы„ нæ, дам, уæй кæны. — Æмæ дæу дæр бауырныдта? — Æмæ кæй бауырндзæн? Чиныг цæмæй ауæй уа, уый тыххæй йæ хъуамæ уа уæйгæнæг. Хъуамæ магазины ку- сæг зона цы чингуытæ уæй кæны, уыдонæн сæ мидис, æмæ* æппæты фыццаг та уарза йæ мадæлон æвзаг. Мæхицæй дын не ’ппæлын, фæлæ федтай, ног чиныг мæм уайтагъд. æрбауæй вæййы. — Æвæццæгæн, æлхæнджытæ-чыныгуарзджытæ алы чи-' ныг нæ аскъæфынц хæлæфæй. Бирæ чиныгкæсæг æрмæсг . авторы фæдыл цæуы. — Уый раст у, фæлæ афтæ ма хъуамæ уа, чиныг наци- йы хъæбул у, мадæн та йæ сывæллæттæ иууылдæр йæ хъæ- бултæ сты, хъулон æвзæрст сæ никæй ракæны. Афтæ у чи- ныг дæр, ис сæ тыхджын æмæ лæмæгътæ дæр, фæлæ уæд- дæр лæмæгъы дæр цыдæр вæййы хорзæй. Хорзы та агурын хъæуы. Иу сыгъзæрины къæртт ссарыны тыххæй хатт мин- гай тоннæтæ.змис бахсæдынц... Куыд æхсызгон вæййы зæрдæйæн, бирæ кæй уарзай,, цæрддзу кæуыл кæнай, дæ уыцы мадæлон æвзаджы тых- хæй дын исчи афтæ хъармæй куы дзура, уæд. — Зæринæт, нæ мæ фæнды дæ ныхасæй дæ фæирта- сон, мæн фæнды ды куы дзурис æмæ дæм куы хъусин. Чи уыд уыцы хуыцауы конд, дæ зæрдæйы дын чи ссыгъта: мадæлон æвзагмæ ахæм цырен арт? 1 —Мæ ахуыргæнæг, — цыбыр дзуапп радта Зæринæт. — Æвæццæгæн, ирон ахуыргæнæг? — Раст зæгъыс, ирон ахуыргæнæг, фæлæ нын ирон æв- 94
заг æмæ литературæ нæ амыдта. Уый уыд математик, не скъолайы директор. Алы хатт дæр-иу йæ рæстæгæй ра- тыдта, æмæ-иу нын хъуамæ, иронау цы бирæ чингуытæ- каст, уыдонæй исты радзырдтаид, мах-иу хъусынтыл куы фестæм,/уæд-иу загъта: «Дарддæр æй уæхæдæг бакæсут», æмæ-иу (нын бацамыдта: чи йæ ныффыста, стæй уыцы чи* ныгæн йе ’ссарæн кæм ис, уый дæр. Афтæ ныхæстæгæнгæ мах æрхæццæ стæм хæдзармæ. Зæринæтæн йæ мад нæ бафынæй, куы нæ ауыдта, уæд ныл фыццаг абуцтæ кодта, стæй ныл цин кæнын райдыдта. Æхсæвы мæ нæ уагътой, ам, зæгъ, баулæф, фæлæ ма& бæтгæ куы бакодтаиккой, уæддæр мæ уыдонмæ цы бау- рæдтаид, æфсæрм дзы нал ис! Æз хæдзармæ цыдтæн хъæлдзæгæй, æмæ стæй куыднæ: Зæринæт мын сразы, Зæринæт мæн уыдзæн!.. Мæ хъуыдытæ кæронмæ нæмæ ахæццæ сты, афтæ мæ разы февзæрд æнахуыр адæймаг... Дарддæр цы уыдис, уый нал базыдтон. Æз æрчъицыдтон рынчындоны. Фæлæ мæ- цæсты тъыфылтæ ныууæззау сты, сæ сисын мæ бон не ссис. Мæ сæры магъзы цыдæр мигътæ ныббадт, зонд мæ хъуыдытæ кæрæдзийы фæдыл равæрыны фаг нал кодта. Цыдæр æндзыг бафтыд хъустыл дæр, ныкъуырма сты. Мæ буар сындæггай æрæмбæрста йæ рыстытæ, мæ галиу дæ- лармæй мæ уд хаудта. Дохтыр мын мæ цонгыл хæцыд æмæ мын бæрæг кодта мæ пулс. Стæй мын мæ цонг мæ риуыл æрæвæрдта. Цыма авд хохы æддейæ уыд, уыйау мæ хъустыл ауад сылгоймаджы цъæхахст. Уый Зæринæты хъæлæсы хуы- зæн у. Уыцы цъæхахст мæм кодта æввахсæй-æввахсдæр. Бафæндыд мæ мæ хъæлæсыдзаг куы ныхъхъæр кæнин, 3-æ-р-и-н-æ-т! 3-æ-р-и-н-æ-т! Фæлæ ме ’взаг мæ коммæ нæ бакаст. Уыйхыгъд цæссыг йæ куыст бакодта... Уый æр- хъуызыд мæ уадултыл... Зæринæт æй асæрфта. Фестад æмæ дохтырмæ хъæр кæны: «Удæгас у, мæхи Мырзæ удæгас у, йæ цæссыг хъарм у!» Фæлæ диссаг, æвиппайды адæм цæмæн ныссабыр сты. Чидæртæ мæм æрбацыд. Мæ редакторы хъæлæсы хуызæн у. Калакæй, дам, профессоры æрбакодта. — Цытджын профессор, мæ редакцийы хуыздæр ку- сæг у, цы дæ бон у, уый ма бахæлæг кæн. Мæхи Мырзæ- йы мын мæлæты дзæмбытæй байс. — Операцион стъолмæ! — уый ма фехъуыстон æмæ та хъустæ сæхгæдтой. 1970—1971 95
«МÆ ЦОНГ МЫН РАЛЫГ КÆН, МÆ ЦОНГ» I Рынчындоны дохтырæй, медицонон хойæ зæгъай, — схархаса сты. — Чи у? Кæмæй у? — Æппын ын хæстæг ничи ис? — Уæдæ йæ чи ’рбаласта? — Тагъд æххуысы машинæйыл æй æрбаластæуыд. — Мæгуырæг, нырма лæппу-лæг у æмæ бабын, нал фер- вæздзæн, уæззау цæф у. — Уæддæр æй чи ныццавтаид? — Нæ зонын, шофыр, дам, йæхи баауон кодта. Рынчындоны къæлидорты ахæм ныхæстæ куы цыдис, уæд мидæгæй та уыцы рынчынæн операцигæнæн стъолыл хисдæр хирург Бадриаты Динæ арæзта уæззау операци. Динæйы ныхыл хиды цæппузыртæ фæзыны, медицинон хо йæм цæрдæг лæууы æмæ йын сæ цикъæйы гæппæлæй, хъавгæ, асæрфы. Рынчынæн йæ улæфт уысммæ æрбайсæ- фы. Æмæ уæд Динæ тыхстæй сдзуры: — Туаггуыр фæфылдæр кæнут! — Ацы тæккæ сахат! — Туг, туг ын æрцæттæ кæнут, — ноджы ма тыхстæй сдзуры хирург. Афтæ йын йæ алы бардзырд дæр æххæст кæнынц, дырысæй, æнæуæлдай ныхасæй. Бирæтæ сæ хъуыды кæ- ны: «Лæг ницыуал аккаг у æмæ Динæ йæ гæрзтæ цæуыл- нæ æркалы». Фæлæ нæй, хисдæр дохтыр йæ удæн æнцой нæ дæтты. Хатт йе ’мбæлттæм куы фæкомкоммæ вæййы, уæд сын сæ цæстæнгасыл бакæсы æнахуыр дызæрдыгдзинад. Динæ 96
зоны, йе ’м’бæлтты уыцы уазал æнгас цы н’ысан кæны, уый. Йе уæнгтыл ын цыма исчи ихджыи доп рауадзы, афтæ йын сæ дадзинты .уазал уылæнтæ, дыз-дызгæнгæ, ацæуынц. «Нæ уыдзæн! Уый æз не ’руадздзыпæн! Мæлæты дзæмбы- гæй йæ байсдзынæн», — пыдздзуры йæ мид-зæрдæйы æмæ та ногæй ног тыхтимæ æрлæууы цард æмæ мæлæты ’хсæн. Сахат кусы, рæстæг цæуы, сындæг, нæ тагъд кæны. Æниу цы тагъд кæна. Гъеныр уа, æви фæстæдæр иу адæй- маджы риу бандзыг уыдзæн æмæ иу санчъех размæ нал акæндзæп. Кусдзæн сахат, рæстæг йæхион кæндзæн, бонтæ бонты ивдзысты, хур-иу скæсдзæн æмæ аныгуылдзæн. Фæ- лæ мæнæ операцигæпæн стъолыл чи хуыссы, уымæн æп- пæт дæр фæуд уыдз... Цымæ, æмыст, абоп райсомæй хуры скастыл куы фем- бæлд, уæд цы ахъуыды кодта. Кæд, мыййаг, йе уæнгты цыдæр уазал ахъардта æмæ пып уымæй æрдз æмбарын кодта: «Ф’æци дæ цард. Уый дæ фæстаг хурыскаст у æмæ йæ дзæбæхæй арвит». Рацыд сахат, дыууæ, æртæ... Бафæллад Бадрнон, йæ зæнгтæ йæ быны фæдыдагъæввонг уыдысты. Уый дæр йæ фидар уды равгæй ныфс дæтты йе ’мбæлттæн. Уæдмæ æх- цон улæфт скодта. Цыдæр цинæнгас ын бакастысты йæ фæллад нæстыты. Уый та пысан кæны: Бадриоп йæ хъуыд- даг бакодта, цас гæпæн уыд, уымæй пæхиуыл ницæмæй бацауæрста. Æрæджиау сдзырдта: — Кæд ын нпцы уаид! Ныр æй йæ сынтæгмæ аласут! — загъта хисдæр хпрург æмæ бапдоныл æрхаудта. Р1æ фыр- фæлладæй, æвн йын пæ зæрдæны кæрон цыдæр бацавта. Йе ’мбæлттæ уый нæ рахатыдтой. Цасдæр æдзынæг, æпæ- змæлгæпæ абадт, стæй, йæ зæрдæмæ дзурæгау, ныуулæ- фыд: «Уый уа?» — Сæры февзæрд æнахуыр фарст. Æнцой йын нал дæтты: «Уый уа? Уый уа?» Ацы иунæг фарст ныххал нæ зонды, йе ’взагыл, йæ зæрдæйы. «Æмæ куыд, цы хуызы?» Расыг уыд, нырма дæр не ’рæрвонг. Æмæ кæд банызтаид, стæй йæ машинæ куы ныццавта, уæд цас фæ- цнс уынджы æнæхицауæй. Æмæ цымæ горæтмæ та кæд æрцыд? — Ахæм æмæ ноджы бирæ, бирæ алыхуызон фар- отытæ, æнæаскъуыйгæйæ, ленчытæ кодтой Динæйы сæры, Систой-иу æй уыцы уылæптæ сæ сæрмæ, арахæсс-бахæсс-иу æй кодтой куы царды иу къуыммæ, куы — нннæмæ. Сыстад. «Ныр хъуыдыты рæстæг пæу», — загъта йæхи- цæн æмæ чысыл раздæр цы уæззау рыичыныл архайдта, уый палатæмæ атындзыдта. — Сыгъзæрии къухты хицау у Бадрион, — къæлидоры йæ хъустыл ауад. 7. Хзреблты Л. 97
. — Сыгъзæрин, сыгъзæрин, лæджы мæрдтæй раздæх- та. — Ноджы иннæ дзурæг бафидар кодта фыццаджы ны- хас. Хъусы сæ Динæ дæр. Фæлæ уый йæхимидæг æндæр цы- дæр дзуры: «Нырма уын раджы у, нырма уын раджы у, нырма уын раджы у! Уый кæд æцæг фервæза, уæд диссаг у!» — Афтæ хъуыды кæнгæйæ, бахызт палатæмæ. — Куыд у, нæма райхъал? — Хъал рацис, фæлæ йæхи нæма æрæмбæрста. — Меди- цинон хо дзуапп радта хисдæр хирургæн. — Мæ бар æй уадз, — зæгъы йын хирург, — ды ацу æмæ баулæф. — Нæ, ды баулæф, фырфæлладæй дæ къæхтыл куынæ- уал лæууыс. Æз æм кæсдзынæн, æрмæст мын зæгъ, куы тыхса, уæд ын цы бакæнын хъæудзæн, уыдæттæ. — Уæззау у йæ уавæр. Хуыздæр у, мæхи бар æй уадз. Иугæр хисдæр хирург афтæ домы, уæд йæ фæнд нæ аив- дзæнис, — сыстад медицинон хо æмæ, уæззау къахдзæфтæ- гæнгæ, рацыд. Динæ палатæйы иунæгæй баззад, рынчынмæ æввахс бацыд. Цыма æнæхъæн фондз сахатæй чысыл хуыздæр уыимæ нæ архайдта, цыма йæ гъеныр фыццаг хатт федта, уыйау æм æргуыбыр кодта, йæ цæстытæм ын æдзынæг нык- каст, стæй йæ зæрдæйы цыдæр æнахуыр хъуыды схæлбурцъ кодта. II Чызджыты кæл-кæл худт Дзедохохы хуссæрттæ арауы. Сæ фæллад сыл никуыцæйзыны, афтæ æнæмæтæй дзырдæп- парæн кæнынц сæ кæрæдзимæ, сæ халамæрзæнтæ се ’ккой, афтæмæй цæуынц сæ хæдзæрттæм. Хатт сæ цæст ахæссынц сæ бонгуыстыл, кæд сын бирæ нæ бантыст, уæд- дæр цы хос æрыссывтой, уымæй зæрдæ райы: цъус—фæ- лæ бæстон. — Райсом афтæ нал, — сдзырдта сæ иу мæлинаг, — мах ам штрафной батальон не стæм, немæ нын иу лæппуйы дæр хос ссивынмæ нæ рарвыстой. , —Æмæ дæ цæмæн бахъуыд? — Уый мæхæдæг зонын. I — Зоныс, зоныс, бандзыг та уыдаис. 1—Æмæ дæу куыд фæнды, искæй лæппуйы мæхæдæг аскъæфон? 98
— Дæ мад дæ быныл аззайæд, кæд дын цафон лæппу- йы кæйттæ у. — Иу чызг сæ йæхицæй мæлæты зæронд ус ацарæзта æмæ йæм цъæхснаг хъæлæсæй бауасыд. — Æцæг, æцæг, иухатт уæд-ма æртыккаг къласы ахуыр кодтон, мæ мад мын дзæбæх къаба балхæдта, фæсидт мæм: «Рауай-ма, мæ чызг, мæнæ дын къаба балхæдтон, кæд дыл сфидауа, уæд дæ хъуамæ чындзы арвитон». Æз дæр æм бауадтæн. Мæ мад дын мыл къаба куы скæнид, цыма зæххы цъарыл фыццаг хуыздæр къаба мæн фæцис, афтæ йыл фæцин кодтон, стæй мыл фидаугæ дæр æвзæр не скодта. Кæсæны мæхи уындтытæ кæнын æмæ цинæй мæлын. Иугæр мыл афтæ дзæбæх фидауы, уæд мæ мад йæ дзырд нæ фæсайдзæн, æнæмæнг мæ чындзы æрвитдзæ- нис. Кæм-ма уыд, æрхъæцмæ нал лæууыдтæн, къаба мыл тынг сфидыдта, уæдæ ма ныр цы цух дæн æндæр. Мæ мад мыл уæддæр йæ фæлмæн къухтæ æруæгътытæ кæны. Æз ын кæсын йæ дзыхмæ. Уый ницы дзуры, æмæ старстæн, афтæ ма зæгъа: «Мæ чызг, дæ къаба дыл нæ фидауы», уæд сæфын, чындзы цæуæн дзы нал ис. Æрæджийау, æрæджийау мæ мад йæ дзых схæлиу кодта. Æз ниццин кодтон: «Гъеныр, гъе, æрцыд мæ чындзы цæуыны рæс- тæг», — загътон мæхицæн. — Мæнæ дыл куыд дзæбæх фидауы, мæнæ, раст цыма дæ уæнгтыл хуыд уыдис, афтæ. — Æмæ ууыл фæцис йæ дзырд. Æз æм мæхимидæг рамæсты дæн, цымæ мын ныфс цæмæй бавæрдта, уый йæ рох фæци, æви. Цалдæр хатты йæм ахъавыдтæн, зæгъын æй афæрсон: «уæдæ ныр чындзы цæудзынæн, гыцци?» Фæлæ-иу мæхиуыл ныххæцыдтæн. Æмæ йын æй науæд æз цæмæн хъуамæ æрымысыдаин, йæ- хæдæг мын куы баныфс æвæрдта. Мæ мады та цыдæр сдзу- рын фæнды. Æз ын кæсын йæ цæстытæм, дзургæ йын ни- ды кæнын, фæлæ мæхимидæг лæгъстæ кæнын: «Цæй, зæгъ, мын, «чындзы дæ дæттын æмæ дыл атыхсон». Уæдмæ гыц- ци рæвдаугæ сдзырдта: — Мæ чызг, къаба дæ хорз фæцис, гъеныр ауай æмæ дæлæ гогызты хизынмæ аскъæр. — Мæ мады уыцы ныхас куы фехъуыстон, уæд мæхимид ныррызтæн: — Æмæ æз гогызтæ куы аскъæрон, уæд-ма чындзы та кæд хъуамæ ацæуон? — скуыдтон мæ мадыл. Уыцы ныхæстæм хосыссивæг чызджыты кæл-кæл хус- сæртты къултæ ацарыдта. Ахæм хъæлдзæг уысмы, раст цыма дæлимонтæ уыдысты æмæ зæххы скъуыдæй сгæпп кодтой, уыйау чызджыты раз дыууæ лæппуйы февзæрд; — Æ-æ! Мыстытæ, нæ цæст та уын никуыцæй æрттывта æмæ та уæ гæдыйы хъуырыл дзæнгæрæг бакæнын æрфæн- 99
дыд, нæ? — лæппутæй сæ иу къæйныхдæр разынд. Чызджытæ лæппутимæ æнæнхъæлæджы фембæлдæй фыццаг куыддæр фæтыхстысты, стæй сæ иу нал фæлæууыд: — Æмæ дæу дзæнгæрæг цæмæн хъæуы, æнæуый дæр иууыл уасгæ куы цæуыс. — Уыцы дзуапмæ æмхуызонæи ныххудтысты, æрмæст дзуапп кæуыл сæмбæлд, уый къаф- феттахæрæгау фæцис. Уыйхъыгъд йæ мидбылты, хъавгæ, бахудт уазæг лæппу. Фæлæ а-нæхион дæр дзырд агурынмæ искæй дзыппы- тæм не ’внæлдта, йе ’муд куыддæр æрцыд, афтæ йæхи фæ- хъæлдзæг кодта: — Уый та уымæн, лæппын мыст, æмæ цæмæй æнæн- хъæлæджы мæ дзæмбытæм ма ’рбахауай. — Уымæй кæй тæрсын кæныс, дзæмбыты хицау, ныр: ма дын сыл ныхтæ куынæ разад? — Ноджыдæр та ных- худтысты. Æмæ уыцы рæстæджы уазæг лæппу чызджытæй сæ иумæ фемдзаст. Нæ мæлинаг чызг та уыцы хабар дæр æнæбафиппай- гæ нæ фæцис: — Динæ, ацы лæппу дæ цæсты кæндзæнис. — Уый уал нырма йе ’мбалыл, стæй уазæг лæппуйыл дæр ныххуырс- та, — нæ Бадриоп чызгмæ нын ахæм кæстытæ кæныс, цы- ма йæ ахæссын дæ зæрды ис, фæлæ йæм дæ ныфс нæ хæссыс, зæгъгæ йæ куынæ афæразон. Уазæг лæппу чызджы къæйных ныхæстæм фефсæрмы, стæй йын, цыма йæ тыхджын цæстæнгас æгæр бафиппайд- той, уый дæр ын ацагъта йæ базыртæ. Фæлæ иугæр хъаз- гæ, уæд — хъазгæ. Йæхи фæныфсджын кодта. — Хæссыны фыдæй бæргæ ницы ныууадзин. — Æцæг зæгъыс, æмæ дæ ахæм хуынимæ дæ мад хæ- дзармæ бауадздзæнис? — чызджытæ та ноджыдæр ных- худтысты. — Мæ мад ма цин дæр бакæнид, — сдзырдта уазæг лæппу. — Æмæ уæд дæхæдæг та цыми кæнис, дæхæдæг, цыма ды ницæуыл бацин кæнис? Цæуынц. Хъæумæ фæхæццæ ’кæнынц. Лæппутæ дæр схъæлдзæг сты. Уазæг лæппу ницыуал сдзырдта. Æвæццæгæн ахъуыды кодта: «Ацы дæлимонимæ æз ницы бакæндзынæн». Æмæ га хъуызгæ йæ цæст æрхаста, æрдæбон ын Бадриатæй цы Динæйы рахуыдтой, ууыл. Чызг дæр та йæм фемдзаст æмæ цыдæр æхсызгон хъыдзы бакодта йæ зæрдæ. ’ —,Æй, Хаси, дæуæй нын ницы пайда ис, ды уæддæр никуыдæм аирвæздзынæ, фæлæ-иу райсом демæ дæ уазæг 100
.лæппуйы. дæр ракæн æмæ-иу хос ссивынмæ рацу, сабыр ’дон хъуынагæнаг у, æмæ ахæм дзæбæх лæппу тæригъæд^у, .хъуына кæнынæн. Чызджы ныхæстæ кæд дæрзæг уыдысты, уæддæр уазæг лæппуйæп æхсызгон уыдысты. Стæй куыднæ, горæттап лæипу абон хохмæ йæ мады ’рвæдæлтæм æрбацыд, æмæ дзы уайтагъд йæхицæн хæлæрттæ рауардта. Уый дæр тла о, фæлæ йæ семæ хонынц хос ссивынмæ. , —Хаси (йæ ном Хасан хуыднис, фæлæ йæ йе ’мбæлт- тæ фырбуцæн афтæ хуыдтой), афтæмæй ма ацу, дæ уа- зæг лæппуйы нын- нæ бацамыдтай. Йæ ном дын цы хуый- ны? — Кæй хъæуа, уый йæ базондзæн, фæлæ уал æй уæдмæ хонут Батыр. — Хорз, хорз, æрмæст дзы «Бег» ма сараз. —Кæмæн «Бег» уыдзæн, кæмæн та Батыр,— уыд Ха- саны дзуапп æмæ уæдмæ фæсивæд дæр хъæуыл апырх стьь Дыккаг Сон ХаСсШ æмæ :1æ уазæг лæлпу Батыр æцæг сæ дзырд пæ фæсайдюй. Сайгæ нæ, æхсæвы Батыры цæс- тьпыл хуыссæг кæд æмæ кæдмæ нæ ахæцыд. Хъуыды код- тл, абон райсомæй хохмæ куыд рарст, фæпдагыл цы ныз- тæ уыдта, сгæй хохы та ахæм хъæлдзæг фембæлдыл. «Уæддæр цæй уæндоп уыдзæн уыцы чызг», — загъта æмæ Диьæ йæ цæстытыл ауад. Динæ та — сабыр, мадзу- ра, хæдæфсарм, дзырдбарон чызг. «Цы дзæбæх, цы рæ- сугъд чызг дæ, Динæ?» — дзырдта йæхпцæи Батыр æмæ ,уыцы æхцон хъуыдыгы æрфынæй. Æрфыпæй, фæлæ фыыы дæр нæ цæстыгыл æдзух уад.Дичæ... — Уæдæ цæуæм хуссæрттæм хос сспвыпмæ? — Хасан йæ уатæй цæрдæг фестад æмæ дзуры Батырмæ. Уазæг лæппуйы ма æуый хъуыд. — Æмæ æз, куынæма сбон, уæдæй нырмæ уым куы дæн. Хасаи бахудт, бамбæрста, пæ хæрæфырт кæмыты хуы-' фы, уый, æмæ йæ ноджы бацырд кодта. — Цом уæчæ дып кæрдзын ахæссон, мæ фыдыхо мæ сæхимæ нал бауадздзæпис: пунæг хæрæфырт, дам, сын ис æмæ,"зæгъ, уый дæр сыдæй амардтой. — Ууыл куы баззаиккат, мæ фиухор мадыфсымæртæ,* тап^д ма дыл суд дæр скæндзæнис, уыцы лæппуйæп, дам, йæ зæрдæ та цы фæцис, йæ зæрдæ? — Батыр, ма ныл æрдау кæн, махмæ зиои афтидæй æр- бацыдтæ. Афтæ хъазгæ, сæ кæрæдзийы, цыма, чи нæ цыргъзонд- дæр у, уымæй фæлвæрдтой, уыйау, ныхæстæгæнгæ хъæуы 101
сæр се зноны чызг фæсивæдимæ баиу сты. Ноджы ма сæм æрбаиу хъæуы æндæр лæппутæ дæр æмæ атындзыдтой; хуссæрттæм. — Æмæ уый та кæм ис? — Батыр чызджытыл нæ цæст куы ахаста, уæд Хасаны хъусы бадзырдта. — Кæй кой мын кæныс?! — Сабыр, кæдæм хъæр кæныс, зноны чызг, Динæ кæй хуыдтой, уый? — Таликъо, ды ма мын зæгъ,— Хасан фездæхт, знон сын изæрæй сæ удтæй чи ахъазыд, уыцы мæлинаг чызг- мæ, — нæ уазæджы сæр нын чи разилын кодта, уый уын кæм фæсдуар баззад? Таликъо, цыма дзырд кæуыл цæуы, уый нæ бамбæрста, йæ мидбылты фæхудт æмæ йæ хызынмæ ацамыдта: — Мæнæ йæ мемæ рахастон,— уыцы н’ыхасмæ чызг йæ хызынмæ нывнæлдта æмæ дзы иу авг арахъхъ систа. Ды- соны хъуыддæгтимæ зонгæ чи уыдис, уыцы фæсивæд ных- худтысты. Батыр та къæмдзæстыг фæци. — Мæнæн мады рвад куыднæ сгуыхы, ахæм диссаг ма- куы ’рцæуæд, бынтон дæ дзыхы куы ницы уромыс, — хъа- зы Хасанæй æмæ йын йæ рæмбынкъæдзæй йæ фарсы тæ- нæг, чъьтзгæ, басхуыста. III Цхинвалы уазæгдон. Динæйы цæстыл цъынд нæ хæцы. Систой йæ цыдæр æхцон хъуыдытæ сæ базыртыл. Иæ зæрдæ куы цины гуыпп скæны, куы та йын цыдæргъуызон фæтыхсы. Кинокадртау, абоны нывтæ йæ цæстыты раз фæд-фæдыл сæхи ивгæ аз- гъорынц: Фестиваль. Областы хъæууон фæсивæды бæрæгбон. Театры сценæ. Адæм. Динæйы фæндырдзагъд: «Цымæ æцæг фæцыдаид мæ фæндыры цагъд адæмы зæрдæмæ?» — йæ сæры хъуыдытæ куы иуæрдæм фессæндынц, куы — ин- нæрдæм. Стæй та йæ хъустыл, зæйы скъуыды æнахуыр хъæрау, ныййазæлы фестивалмæ рцæуæг адæмы къу’хæм- дзæгъд. Залæй йæм хъуысы: «Бис! Бис!» Уæртæ, залы иу лæппу-лæг сыстад. Йæ къухтыл хæрдмæ бæрзонд схæцыд, æмдзæгъд кæны, нал сыл ауæрды. Динæ сæм кæсгæ дæр кæны, æмæ сæм кæсгæ дæр нæ кæны, цыдæр зонгæ лæппу- йк къухтæ, цыдæр цæстæнгас, сæхимæздахæг къухтæ. Фæ- лæ нæй Динæйæн уыдонмæ лыстæггай ныккæсыны фадт. Адæм дæр æмдзæгъд кæнынц. «Фæлæ уый лæугæ цæмæн 102
скодта? Фæнды йæ æз æй фенон, адæмы ’хсæн æй рахи- цæн кæнон, фæхъулон æй кæнон, Динæйæн уый рæстæг нæй. Фæндыры тæнтыл йе ’нгуылдзтæ куы ’руадзы, уæд залы адæммæ афтæ фæкæсы цыма хæххон æхсæрдзæнтæ ныссæх-сæх кæнынц, цыма дун-дунейы булæмæргътæ те- атры къултæй мин хъæлæстæй ныззарынц. Бафæллад чызг, къухтæ æрхауынæввонг сты, æнгуылдз- тæ нал кæсынц коммæ, адæм уæддæр домынц, цæмæй сын хæххон чызг сæ уарзон мелодитæ йæ фæндырæй ацæгъда. Конферансе рацыд. Лæууы сценæйыл. Æнхъæлмæ кæсы адæмы къухæмдзæгъд кæд басабыр уыдзæн. Цыдæр дзу- ры, фæлæ йæм чи хъусы? Динæ та фæскъулистæй рацыд, уæзданæй раарфæ кодта æмæ фездæхы. Кæм ис, нал æй уадзынц. Ноджыдæр та фæндыр йæ къухы. Ныййазæлы- дысты та фæндыры æхцон зæлтæ æмæ театры уæрæх зал байдзаг ис хæхты комытæфæй, æхцон, сатæг уæлдæфæй, хуссæртты гауызвæлыст дидинты тæфæй, уазал суадæтты æхцон сæр-сæрæй. ...Æмæ мæнæ жюрийы фæстаг тæрхон. «Бадриаты Ди- нæйæн лæвæрд æрцыд фæсивæды областон фестивалы лауреаты ном» æмæ ноджы зынаргъ лæвар — цонгыл да- рæн сахат— «Рубин». Æппæт ацы хабæрттæ Динæйы зæрдæйы ныссæх-сæх кæнынц, хæххон æхсæрдзæнтау, хъал сæгуыттау, къæм- быртыл схъылдым кæнынц хъуыдытæ. Æппæт дæр уыны æмæ хъусы Динæ. Фынæй уа? Иæ! Хъал у! Æмæ йæм ^æд йæ абоны-боны хабæрттæ фыныуынæгау цæмæн кæсынц. Уæлдайдæр та... О, алцы дæр хорз, фæлæ йын йæ, зæрдæ æндæр цыдæр бацагайы. Уый йын ноджы йæ абоиы ныв- тæн радта уæлдай хуыз, уæлдай монц. Чидæртæ йæм сценæмæ бахастой дидинджыты бæсты- тæ, алкæй дзы нæ бахъуыды кодта, бирæ уыдысты, иу æрмæст, бæрзонд, фæтæнуæхск лæппу. Уый лæвар дидин- тæ, цыма, уæлдай рæсугъддæр уыдысты, цыма йын йæ зæрдæ сæ хъармæй хуыздæр батавтой. Уый, æрдæбон залы Динæйæн уырдыгстгæйæ тыхджын чи æмдзæгъд кодта, уыцы лæппу уыд. Динæ йæ бахъуыды кодта. Æниу æй уæд уымæ не ’вдæлд, фæлæ, лæппуйы фенгæйæ, йæ цæстытыл ауадысты дыууæ азы размæ, сæхимæ хохы, хос ссивынты нывтæ. «Уый уа, уый уа?!» Фарст фарсты фæдыл гуырд æмæ згъорстой зæрдæйæ сæрымагъзмæ, сæрымагъзæй — зæрдæмæ: «Уый уа, уый уа, уый уа?» «Уæддæр кæцы? Иухатт нæхимæ, хохы Хасиимæ нæ разы цы горæттаг лæппу февзæрд, у.ый уа? Цыдæр æнгæс у. Æмæ дзургæ куыд ницы скодта. Дидинтæ мын мæ къу- 103
хы фæсагъта, асырх æмæ фæстæмæ лидзæгау акодта. Æм- мыст æй нал фендзынæн?» Фæцис фестиваль. Залы, адæм райхæлдысты. Алчи цæ’- уы иæ фæрныг хæдз.армæ. Фæцæуы Динæ дæр уазæгдонмæ. Йæ къухы — дидинтæ. Уыдон ын йæ зонгæ лæппуйы лæвар сты. Æмæ йе ’мбæлгтæй хицæн та куыд фæцис, хицæн/ Иунæгæй куыд аззад, уый йæхæдæг дæр нæ^ базыдта. Йæ размæ рацыд, æрдæбон æм дидинтæ чи бахаста, уыцы лæп- пу. «Цыдæр дæлимон у». — Ахъуыды кодта чызг. — «Кæ- цæй февзæрд мæ разы?» — Йæхимидæг, зæгъы æмæ йæ сæпттæ уысммæ сæхнмæ, хохмæ, сæ базыртыл аскъæф- той. Уыцы изæр, фæскуыст, хос ссивынæй, йе ’мбал чыз- джытимæ хуссæрттæй куы здæхтысты, уæддæр афтæ æнæн- хъæлæджы февзæрд Хаснимæ сæ разы. Ныр та ногæй уыг: цы ныз. Мæнæ йæм æрбацæуы, æрдæсон ын дидинтæи сæ ’ тæккæ хуыздæртæ чи ’рбахуын кодта, уыцы горæттаг. Дзургæ ницы кæпы, лæууы лæппу, лæууы чызг дæр. Нпцы дзу. ы лæлпу, пицы дзуры чызг дæр. — О, фæлæ зæрдæтæ пуран нæ лæууынц, уыдон цæ- уычц, уыдон дыууæрдæм хъарм, фæлмæн дзырдтæ хуы- нæн æрвитынц. Дннæ фæтыхст «Цæмæн лæууын иунæгæй æпæзонгæ лæппуимæ?» — Р1æхн афарста. Ахъавыд, фæуадза , йæ, фæлæ йæ зæхмæ, уыцы бынатмæ цыдæр ныббаста! ргзмæ йæ къах айсын иал фæрæзта. Фæпды йæ, ацы мæй- рухс æхсæвæы кæрон куынæ уаид. — Дæхимидæг мæм кæд нæ мæсты кæныс? — æрæджпау сдзырдта горæттаг лæппу æмæ ныр Динæйы хъусты сног-' иухатты зонгæ хъæлæс. «Уый у. Хасийы хæрæфырт — Ба- тыр. Цы дзæбæх ном ын ис». Уайтагъд æрымысыд йе ’мбал Таликъойы: «Дæ уазæг лæппу цы хуыйны, уый нын нæ загътай?» — Уый Таликъо фарста Хасийы. Æмæ йын Хасн дæр загъта йæ хæрæфырты ном. «Батыр уал, дам„ æй хонут». Лæппуйы фарстæн чызг иудзæвгар дзуапп нæ радта. Уый фæндыд, Батыр куы дзурид æмæ нæм Динæ куы хъу- сид бирæ, бирæ. Иухатт хохы, Батыры фыццаг куы фед-. та, уæд ыл æхсæв нал бон кодта. Афæдзау ыл ныддаргъ , сæрдыгоы цыбыр æхсæв. Бæллыд: искуы тагъд куы сбон,. уаид æмæ ма Хаситы уазæг лæппуйы куы фенид. Цыдæр æхцоы, зæрдæскъæф æм фæкаст. Бæрзонд, гуырвидыц лæп- пуйы сурæт йæ хъуыдынæ пал хицæн кодта. Æмæ йыл уæд сбон’ чердæмдæрты. Фæлæ йын йæ мад йæ фæндаг æрæх.- ! гæдта. «Абон, дам, нæ бнрæ хъуыддæгтæ ис, колхозы куыстмæ мын «не ’вдæлыс», — загъта мад æмæ фæцис. Иæ ныхасыл дыууæ зæгъæп нæй. Чызг мадæй ахæм цæх- 104
гæр, «нæ» куы фехъуыста, уæд мæтæй йæ хъуыр ахгæдта, фæлæ «цæмæннæ, гыцци?» — уымæй йæ мады фæрсыныл не схæцыд. Æнæуый, та Динæйы зæрдæ цæмæндæр базыд- та: «æнæмæнг уыцы горæттаг лæппу фæстæмæ, сæхимæ аздæхд’зæнис æмæ йæ нал фендзынæн». Раст куыд хъуыды кодта, афтæ рауад, «Батыр та цы- фæцис. Батыр». Уый фæстæ боп Дпнæ хос ссивынмæ куы ацыд æмæ Хасаны иунæгæй куы федта, уæд йæ уарзтдзæф зæрдæ сусæгæй фарста йæ чызгæмбæлтты, йæ цæстытæ хъуызгæ агуырдтой æидæрæбоны горæттаг лæппуйы, фæлæ йын дзуапп ничи лæвæрдта. Уæдмæ йыл Таликъо ных- хуырста: — Нæ уазæг лæгшуйы нын фæхъыг кодтай æмæ нын фæлыгъдис. Динæ бамбæрста хъуылдаг, иыма никуы ’мæ ницы, йæ- хи афтæ равдыста, фæлæ мидæгæй йæ зæрдæ схæлбурцъы- тæ кодта. Размæ ма цыдис, фæлæ йæ йæ къæхтæ размæ пал хзстон. «Фын федта, рапхъал æмæ фып æрбатары». Фæлæ йæм цæмæндæр йæ зæрдæ дзырдта, цыма уыцьт го- рæттаг лæлпу ис ам кæмдæр, цыма та æнæнхъæлсоджы ис- к,уыиæй фæзындзæк. Хос ссывта æмæ йæ сæнтты мидæг йæ халамæрзæиы разæй цыд Хасаны уазæг лæппу, Хасаны хæдæфсарм хæрæфырт. Хатт-иу йæхимæ хъусынтыл фæ- цис, цыма-иу æм сдзырдта, цыма-иу æп афарста: «Уæдæ< æппын дæ зæрдæмæ æвзаргæ лæппутæл никуыма пичи фæ- цыд?» Л::æм рæстæджы-иу Дипæ, халамæрзæны хъæдыл хæдлгæйæ, апдзыгау, цæхгæр дзуапп-иу ыи радта: «Никуы дæр фæцыд æмæ нæдæр фæцæудзæн». Æнну уып æнæ- рцæф чызджы сур дзуапп уыдис, æндæра æцæгæй та йæ уды æицой фссæфт. ...Æмæ ныр мæнæ æппæт уыцы нывтæ фæсте аззадыс- ты. Йæ къухы пс дидипты баст, дидинтæ та ахæмтæ сты, æмæ зæххыл уыдон хуызæн рæсугъд æмæ хæрздæф никуы- ма уыд. Дпчæ сæ йæ риумæ балхъывта. Сусæгæп, ома сæ?л смудгæ æркæнын æмæ сын анвæй сæ тæнбазыртæн, чъыз- гæ, апъа кæны. Лæууы, Хасаны иухатты уазæджы, Хасаны хæрæфырты раз, цыдæр æнахуыр æнкъарæн ын йæ зæрдæ æрбалвасы, хъуыдытæ сæрæй зæрдæмæ цины сæх-сæх нык- кæнынц. Йæ фарстæн ын дзуапп нæма радта: «Æмæ йын куыд зæгъон. Дзур мын, дзур. Иæ дæм мæсты кæнын, хъусып дæм, хъусыи дæм, хъусдзынæп дæм». — Ме ’мбæлттæ мæ афонмæ агурыптæ систой, — сдзы- рдта чызг. «Нæ, мæн афтæ зæгъын нæ фæндыд, мæ зæрды æпдæр 105-
дыдæр уыд». Хъуыдытæ ныццавтой сæры, зæрдæйы æмæ зæрдæ уайдзæфты бын фæкодта æвзаджы: «Чи дæ фæрсы, чи дæ дзурæг кæны, «ме ’мбæлттæ мæ афонмæ агурынц», «æз мæхæдæг дæуæй хуыздæр зонын». — Уый Динæйы зæр- дæ хæцы æвзагимæ. Æмæ уæд къæхтæ та, къæхтæ! Уыдон .дæр куы феккуырстысты сæ бынатæй. — Æз дæнæхæрам кæнын, æнæзонгæлæппуимæ цæмæн хъуамæ лæууай, — дзуры Батыр, — фæлæ мæм уыцы бонæй фæстæмæ афтæ кæсы, цыма демæ рагæй зонгæ дæн, суанг мæ сабибонтæй фæстæмæ. Хъусы Динæ уыцы ныхæстæм, хъусы æмæ цыдæр æна- хуыр равг зæрдæйы базмæлы. — Хъуыды-ма кæныс, æниу æй ды кæцæй бахъуыды кодтаис, æз уæ хъæуы куы уыдтæн, уæд мыл æхсæв нал бон кодта, «кæд фæуыдзæн ацы æнæхаиры æхсæв, кæд ра- .лæудзæн хуссæрттæм хос ссивынмæ цæуыны рæстæг æмæ ма дæ кæд фендзынæн, мæхимидæг бæллыдтæн, æмæ ды та уый куы базыдтай, уæд нал рацыдтæ хос ссивынмæ. Цымæ уæд цы сарæзтон æнæгъдауæй, мæ фенын дæ цæуылнæуал бафæндыд? Динæ, зæгъ мын, уæд æз исты фæрæдыдтæн? Æз фæтарстæн мæхицæй, мæ зæрдæйы хивæнд митæй æмæ ныууагътон мæ мадырвадæлты, рацыдтæн нæхимæ, горæт- мæ. Мæ мад мæм хæцыдис, чысыл, дам, баулæфыдаис, сургæ, зæгъ, дæ ракодтой. Цы йын хъуамæ загътаин, нæ йæм бауæндыдтæн, нæ йын загътон: «Мæ зæрдæ фатдзæф фæцис а^мæ йын хос кæнынмæ рацыдтæн...» Æниу æн- хъæлгæ афтæ кодтон, æндæра æз уæдæй ардæм æнцойад нал ардтон. Абон куыстæй куыддæр æрцыдтæн хæдзармæ, афтæ атындзыдтон театрмæ. Цыдæр мæм мæ зæрдæ дзы- рдта: «Динæйы æнæмæнг фендзынæ, ацу, билет райс, ба- уырнæд дæ, уыцы хæххон сæгуыты æнæмæнг фендзынæ». Мæ зæрдæ никуы рæдийы, ныр дæр та мæ нæ фæсайдта. Нырма уал уæ хъæуы кой куы фехъуыстон, уæд цыдæр æнахуыр цины уылæнтæ, кæрæдзийæн рады бар нæ дæтгæ- йæ, ацыдысты зæрдæйæ, стæй уырдыгæй ахызтысты æгас буармæ æмæ цинæй ме уæнгтæ ныддыз-дыз кодтой. Уæдмæ конферансе загъта дæ мыггаг, дæ ном... Динæ, баууæнд мыл, Динæ, уый æз нæ дзурын, уый мæ зæрдæ кæны йæ сагъæстæ. Æз нæ домын, нæ дын фæдзæх- сын: «Мæ ныхæстыл мын баууæнд». Æз дæуæй домын: «Байхъус мæм, Динæ, байхъус мæм. Кæд дæм мæ ныхæс- тæ ^фыдæх æвзæрын кæнынц, уæддæр мын æй ма раргом кæн. Уадз æмæ, дæ фæндыры зæлтау, æдзух мæ зæрдæйы ^дарон дæ фæлгонц, дæ дзыхы ныхас, дæ ирд цæстæнгас». Суанг уазæгдонмæ бацыд Батыр Динæимæ. Иу уæлдай 106
ныхас, иу уæлдай ми нæ сарæзта лæппу чызджы раз. Цæх- гæр нæ радомдта Динæйæ: разы дæн, зæгъгæ, мын дзуапп ратт. Нæ. Батыр у хæдæфсарм, зоны алцæмæн дæр бæрц, æгъдау. Æрмæст дзы уазæгдоны Динæ куы хицæн кодта, уæд ма йæм Батыр бахатыд: — Хицæн кæнæм æмæ мæ зæрдæ цæуыл дарон, иу ахæм бæрæг дзырд ницы хæссын мемæ. Зæгъ мын, Динæ, кæм ма дæ фендзынæн, стæй дæ куы фенон, уæд дæу дæр фæнддзæнис мæ фенын? Афтæмæй ма ацу, исты мын зæгъ, дæ зæрдæмæ кæд чысыл истæмæй цæуын, кæд дæ дæ хъуыдытæ дард фæндæгтыл мæнмæ æркæнынц, уæд мын æй зæгъ. Зæгъ мын, Динæ, æмæ дын æппæт мæ цард, мæ- хи снывонд кæндзынæн. Уыцы ныхæстæм, цыма хус зæххыл уарыны æртæхтæ æмбæлдысты, афтæ агайдтой чызджы зæрдæ, химид баз- мæлыд. Динæйы уарзаг зæрдæ ма риуы тыхæй лæууыд, ныппæррæст кæнынмæ йæ бирæ нал хъуыд, фæлæ чызгыл уыцы ’хсæв цыдæр æндзыг бафтыд. Æнæдзургæйæ фæцæ- уæг. Цæмæн, цы йæм фæкастаид хъыг? — Динæ, æппын мын ницы загътай, афтæмæй мæ уа- дзыс? Бар мын дæттыс, Динæ, цæмæй дыл æз мæ зæрдæйы сыгъдæг сæнттæ нывæндон? — дзуры чызджы фæстæ лæп- пу. Динæ æрлæууыд, мидбылты бахудт. — Дæ лæвар дидинтыл дын фæцин кæндзынæн, — загъ- та Динæ æмæ стæй асинтыл тагъд-тагъд сызгъордта. Ба- тыр лæууыд æмæ хъуыста Динæйы дзабырты къупп-къуп- мæ. Хъуыста æмæ йæм афтæ каст, цыма йын Динæйы дза- бырты зæвæттæ сты долийы хъилтæ, Батыры зæрдæ та до- ли æмæ сæ Динæ цæгъды æхцон, зæрдæскъæф мелоди. Фæстагмæ уыцы «долийы» зæлтæ банымæг сты. Банымæг сты æмæ Батырмæ афтæ фæкаст, цыма дуне бандзыг... Ба- тыр лæууы æмæ йæ хъусты Динæйы фæлмæн, рæвдаугæ дзырдтæ,4 хъыдзыгæнгæ, ныййазæлыдысты: «Дæ лæвар ди- динтыл дын фæцин кæндзынæн, дæ лæвар дидинтыл дын фæцин кæндзынæн». «Разы у, разы у Динæ, мæ уарзтыл мын уарзты таг бафтыдта». Ныдздзырдта Батырмæ йæ зæрдæ, иудзæвгар ма йæ мидбынат лæугæйæ баззад, стæй йæ цины уылæнтæ систой сæ базыртыл æмæ йæ æрхастой хæдзармæ. Алцы дæр æм зарыд Динæйы хъæлæсæй, Динæйы фæндыры тæн- тæй, Динæйы цæстытæй. Нæ уыд йæ буц сагъæстæй Динæ дæр «æвыд». Йæ хъуыдытæ йæ ахæссынц, сисынц æй сæ базыртыл, фестын æй кæнынц сæхимæ хохы, æрымысы: астæуккаг скъолайы фæстаг фæлварæн, сæрдыгон колхозон куысты- 107
тæ. • Хосыссивын, Хасаны. хæрæфырт —горæттаг , лæппу, Æ’мæ хъуыдытæ уурдæм куы/рхæццæ, вæййынц,. уæд уым ныццауæзынц. Рог, уæлмонц æнкъарæнтæ базмæлынц зæр- дæйы^ Динæйы фæнды, Батырыл хъуыды кæнгæйæ, куы бафынæй уаид, фæлæ йæм йæ.уаз чызгон сагъæстæ хуыс-? сæг æввахс нæ уадзынц,, Æддейæ, къæлидоры, къæхты уынæр куы ссæуы, уæд,йе, ’нкъарæнтæ базмæлынц, хъустæ сæхи ацæттæ кæнынц, афæрсынц зæрдæйы: «Чи уа? Батыры къæхты уынæр м?: , уа?» Æффæсмон кæны: «Цæмæн ратапъд кодтон, цæуылнæ йæ бауагътон, йæ ныхæстæ ,мын кæронмæ загътаид». Кæд, мыййаг, иырма дæр йæбынаты лæууы æмæмæнмæ æн-. хъæлмæ кæсы». ’ , , ';;. • ’: У^ Чызгмæ дзуры йæ зæрдæ. Хæлбурцъ кæнынц хъуыдытæ*. йæ риуы. Агайынц ын йæ сатæг зæрдæ, ныццæвынц ын йæ сæрымагъз. «Сыст, ацу йæм. Тæригъæд у». Дзуры йæм уарзт. Цы йæ рабадын кодта йæ хуыссæнæй, уый нæ раха- тыд, йæ дарæс акодта,, тагъд-тагъд æруад асинтыл. Иæ цæстытæ андæгъдысты, Батыры, лæугæ- кæм ныууагъта, уыцы бынатыл. Бацыд. Æрлæууыд Батыры къахвæдтыл^ цыдæр хъарм банкъардта йæ зæрдæ. Чидæр фæцæйцыд,, ауыдта ма йын йæ уæхсчытæ. «Уый æнæмæнг Батыр уыд, æмæ.уæдæй ардæм ам лæууыдаид?» Иæ - фæстæ куы аз-" гъордтаид, уый йæ бафæндыд, фæлæ йæ зонды бардуаг, цæхгæр фæурæдта, йæ цонгыл.ын ахæцыд æмæ йæгæн- къардæй йæ хуыссæимæ акодта... • * ’ " ''•;'" . IV ■ .Дыккаг бон. Уый дæр-фестивалы фæстæ. Динæ æмæ Батыры бирæ нæ бахъуыд адæмы астæу сæ кæрæдзи агу- рьш. Мæнæй .ма, цыппар цæстæн дыууæ. адæймаджы ра- уарынæн пы хъуыдис. — Дннæ, æгайтма ам дæ? — цин кæны Батыр, — æз дын тарстæч зæгъын иугæр фестивалы йæ хæс бафыста, уæд^ сæхимæ ацыданд. .>,— Нæ, адæмы иууыл дæхи хуызæн ма ’нхъæл.— Уыцы ныхасæи, чызг лæгшуйы зæрдыл æрлæууын кодта: Батыр хохы пæ мадыфсымæртæм куы уыд,, уæд< горæтмæ’ куыд> тагъд:фæцæуьйныл, уый.-. ■ Чызджы уайдзæфтæм-хъусгæйæ, лæппуйы риуы æхцон уылæн базмæлыд: «Хъыг ын уыд, хохæй йæ мæ рацыд.нæ фæндыд, уарзы мæ, уарзы мæ!» — загъта йæхимид æмæ йæ 108
динæй;арвы тыгъдадмæ стйвхынмæ/’бирæ нал бахъуьгд. * 4 ; • — Æз та афтæ æнхъæлдтон: иугæр’’хосыссивынм^’цæ- уын, уæд ды фыддæрадæн нал рацыдтæ,-зæгъын, мæн тых- хæй колхоз иу кусæг сафы, загыон æмæ нæхимæ ратагъд кодтон. Стæй йæ фехъуыстон, Хасан мын æй загъта, мæ ра- цыды фæстæ ды ацыдтæ хосыссивынмæ, раст нæ зæгъын? ’ Ницы сдзырдта Динæ, лæппу р’аст у, афтæ уыд, фæлæ нын, хъуыддаг æцæгæй куыд уыдис, уый нæ раргом кодта: Уадз’æмæ афтæ дæр хъуыды кæнæд, уымæй йын «ницы уыдзæн». Æрмæст ын йæ хъусы бадзырдта: — Искуы ма дыл ахæм хабар куы рамбæла, уæд-иу аф- <тæ мауал хъуыды кæн. — Динæ, уæдæ афтæ нæ уыдис, уæдæ уыцы бон æндæр истæй аххосæй нал рацыдтæ кусынмæ? — Уый тыххæй дæр, æмæ уый тыххæй дæр, — хъазы чызг, — исты ма зæгъдзынæ? — Зæгъинæгтæй мæ ма фæрс: Зæгъинæгтæ мæм бирæ ис. 'Динæ, æз дысон фефсæрмы дæн, æз дæ базыдтон дæ къæхты хъæрæй, асиныл уырдыгмæ куы ’рцæйцыдтæ, уæд. Уый размæ уыцы къæхты хъæр мæ цурæй куы адард, уæд .æз’ мæ: бынаты лæугæйæ баззадтæн. Мæ къах мæ нал нæ- химæ хаста, нал — уынгмæ, нæ мæм дæумæ фæстæмæ а’з- дæхыны хъару уыд. Хъендурау, лæууыдтæн сабыр æмæ ; уæдмæ æз фехъуыстон дæ къæхты хъæр. «Ам мæ ма æрæй-' '•'’йафæд», загътон æмæ цæуынмæ фæдæн. Тарстæн, миййаг, Лæм^зæгъьш,-æгæр’рог’куы фæзынЬи, ’тарстæн,.миййаг’мæ Чкуынæ бамбарай æмæ афтæ куы ахъуыды кæнай: «Мæн ’ афæидараст кодта æмæ^ам æндæр кæмæдæр дзыназы». -.,Динæ ницы дзырдта, сабыр хъуыста Батырмæ. Хатт-иу цыдæр æнахуыр тас баздо’æлыд -йе ’уæнгты: «Цæмæн дæн’ -æцæгæлон лæппуимæ, адæм цы зæгъдзысты, фæлæ диссаг, йæ цурæй мæ мæ къах дæр куынæ хæссы». Чызджы фæндыд: лæппу куы дзурид æмæ йæм уый куы хьусид бирæ, бирæ. 4 г ’ К’ьостайы уымджы адæмы нымæц сыпдæггай тайы, стæм хатт ма æцæгæлон чидæр сæ фæрсты ахизы æмæ сæм йе уæхсчы сæрты зулмæ фæстæмæ фæкæсы. Уый хисдæр, ас адæймæгтæ бакæнынц -афтæ, кæсдæр фæсивæдæй кæд ис- ^чи фæзыны, уæд æнæсымæй сæ цурты ахизы. Иыхас кæны Батыр, тротуары йæ фæрсты сындæггай дæуы Динæ. ’ ’ — Райсом нæхимæ цæуын, — æнкъардæй сдзырдта ч’ызг. ’ — Афтæ тагъд? — Динæйы цæхгæр ныхас Батырæи <æнæнхъæлæджы уыд æмæ цыдæргъуызсн пæ хъæлæсы уаг уысммæ фæивта. — Æмæ дын уый зæгъинаг уыдтæп, чин- 109
гуытæ мæ хъуыдис, дыууæ боны дæргъы магазин æхгæд уыд.Уый та цы ’рымысыдысты, адæм хъæутæй æрцæуынц сабат æмæ хуыцаубоны, уæд сæ февдæлы æмæ чингуыты магазин та уыцы бонты æхгæд вæййы. — Цы чингуытæ агурыс, зæгъ мын сæ, æз дын сæ-ар- витдзынæн. — Медицинæйы фæдыл цыдæриддæр баййафай, ма-иу сыл бацауæрд... — Æнхъæлмæ-иу кæс, рæхджы дæм мæ хуын хæццæ кæндзæнис. V Уыцы ’хсæвы хъæлдзæгдзинад дыккаг бон раджы раба- дын кодта фысымты. Мæнæй-ма, Динæйы хионтæ сæ чыз- джы фæстæ хуын рахастой сæ ног лымæнтæм. Уазджытæй дæр иутæ сæ хуыссæнтæ ныууагътой, иннæтæ ма сæ ком ивæзтой, чи та сæ фынæйæфсон йæхицæн сабыр улæфыд. Уæдмæ фысым, Батыры фыдыфсымæр, йæ иу къухы физо- нæг, иннæйы арахъхъы дурын æмæ сыкъа, афтæмæй иугай зилы фынæй уазджытыл: — Алæ-ма, мæ дзæбæх лымæнтæ, чи уæ лæгдæр у, ме- мæ уæ сæумæрайсомы дзуæрттæн чи акувдзæнис? Уазджытæн æнæзонгæ нæу сæ дысоны фысым, къултыл сæ схизын кодта, ныр дзы сæ бон базыдтой æмæ сæ алчи, уæрццау, йæ хъæццулы бын нынныгъуылдис. — А, мæнæ уый ды нæ дæ, Симон, дысон аирвæзтæ: ныр та ма цы кæнинаг дæ? Лæппутæ, дуæрттæ сæхгæнут, нæ тæрхъус ма алидзæд,— афтæ дзургæ, хъазгæмхасæнтæй фысым, уазджытæй Симон чи хуындис, уый уæлхъус æд ду- рын æрлæууыд. Цы гæнæн ма уыд уазæгæн дæр, йæ сæрыл рахæцыд. — Симон, ам æз æмæ дæуæй лæгдæр ничи ис æмæ фыц- цаг куывды бар дæр махмæ æмбæлы. Ама, дæхи нае бæсты дзуæрттыл бафтау, ед нын сты, куыд фæзæгъынц, æнæ- рцæф, чысыл ницæуыл дæр лæгмæ фæхъыг вæййынц. Симон сынтæгыл рабадт. Фысым æм сыкъа дары. — Нæ, Ахмæт, дæ разæй нæ, уанцон нæу, мæ фыдыстæн, мæ къухмæ дæр æй нæ райсдзынæн. Фæлтау уал нæ дæхæ- дæг бафæдзæхс, æрхъавыдтæ нæм, уый зонын, фæлæ ма нæ кæд иу лæг аирвæзид, нæ «маст» дæ уый уæддæр райс- дзæн.'-—Хъазы уазæг æмæ фысым дæр сбуц. Æмæ куыднæ, фысы^мæн йæ уазæгæй йæ зæрдæ райы. — Уæдæ кæд афтæ у, — Ахмæт сыкъайыл хæрдмæ схæ- 110
цыд æмæ цармæ скаст, раст цыма, йæ ном ссаринаг кæмæн у, уый уым бады, уыйау. — Нæ цæхх, нæ кæрдзынæй уын ницы фысым фестæм, фæлæ уын нæ зæрдæйы дзæбæх нæ- бахæлæг кæндзыстæм. Сæумæрайсомы дзуæрттæй фæ- дзæхст ут, мæ буц уазджытæ, арфæйаг уæ хуыцау фæкæнæд,, нæ хæстæгдзинад амондджын фод, нæ къæсæрæй йæ къах цы сылыстæг æрбавæрдта, уый кады ном уæм тагъд рæс- тæджы цы фехъуыса, уыцы амонд сымахæн дæр æмæ ма- хæн дæр дунейы фарн ма бахæлæг кæнæд. Нæ кæрæдзи- йæн нæ цы дыууæ кæсдæры базонгæ, бахæстæг кодтой, уыдон нын ахæм амондджын фод æмæ ма æндæр исчитæ дæр уыдон амондæн куыд кувой, — ууыл фысым сыкъа быннозт акодта, стæй йæ йæ хисдæр æнгуылдзы ныхыл æрцавта. — Федтай, Симон, сыкъа дæ дзыхмæ куы схæс- сай, уæд ын ахæм ми фæхъæуы. — Уый фæстæ дурыны хъуыры хъæл-хъæл ссыд æмæ дзаг сыкъа фысым уазæгмæ бадардта. — Тæрсгæ дзы ма кæн, нæ фыдæлтæ йын йæ бирæйæ тарстысты, йæ карзæй никæд, дæ мады æхсырау дын ба- тайдзæнис. — Фæцагътат нæ, Ахмæт, лæгæн нæ ничиуал бæззы. Нозтимæ хæцын кæй бон у? — афтæ дзургæ уазæг сыкъа айста. Иудзæвгар ахъуыды кодта, стæй зæрдиагæй ба- куывта. — Уæ хорзы кой уын хъусгæ кодтон, фæлæ цьг ’нхъæл уыдтæн, уымæй мын бирæ фæуæлдæр. Уæ лæггæд- тæ уын Пацъайы доны былыл куы сбадæм, уæддæр нал бафиддзыстæм. Сæумæрайсомы дзуæртты хорзæх уæ уæнт. Фыццаг бонæй дыккаг бон фысымтæ хъæлдзæгдæр уы- дысты, сæхицæн адджын ницыуал кодтой. Батыры мад. Хæрзæгон йæ ног чындзы цинæй зæххыл нал хæцыд... Ди- нæйы зæрдæйы дæр царды уылæн цинæй гуылфытæ кодта. * * * Бады Динæ Батыры фарсмæ (рынчын йæ цæстæй нæ кæсы, фæлæ йе ’нгæс æнцойдæр у), бады æмæ йæ цæсты раз сыстынц ивгъуыды нывтæ. Фынау? Нæ! Фынтæ нæ уы- дысты. Æппæт дæр уыд рæсугъд, къæдзæхы скъуыдæй цьг суадон ратоны, уыйау. Царды хъæбысмæ, цингæнгæйæ, кæдæм бацыд, уый ныр мæнæ — йæ разы. Æдзынæг нык- кæсы Батыры цæстытæм, стæй йыл æнæхъæнæй йæ цæст рахæссы. Мæнæ ацы цæнгтæ, куыд фидар уыдысты. Ди- нæйы-иу царды райдианы: бæрзонд фелвæстой æмæ-иу æй, сабийау, хатæны къуымты фырцинæй раскъæф-баскъæф 111
кодтой. Ныр сæ тых цы фæцис, сæхиуыл хæрдмæ сХæцын- хъом куынæуал сты, уæд!? Ахæм рæсугъд нывтыл хъуыдыгæнгæйæ, уысм^мæ Ди- нæйы уæнгтæ их уазал аисты. Уæдæй нырмæ цы тыхджын цæнгтæй уыд буц, уыдон цыма залиаг кæлмытæ фестадыс- ты, цыма йыл гъеныр сæхи æрбатухдзысты æмæ йæ ных- хурх кæндзысты, уыйау йс уæнгтæ сæхимидæг æрбампыл- дысты. Ацы цæнгтæн йæ чызгон азты, сæ рæвдыд куыд банкъардта, афтæ сын банкъардта се ’фхæрд дæр... Кæддæр, уый раджьт уыд... Сæ чындзæхсæвæй рацыд цалдæр мæйы æмæ мæнæ Дипæ фыстæг исы, ацы хæдза- рæн йæ «хорзмæбæллæгæй». «Хъæуккон къуырма, дæ цæс- тæй ракæс, дæ горæттаг цардæмбал, куыд фæзæгъынц, би- рæгъ йæ кæнон зæпгыл дæр нæ уадзы, йæ рагон зонгæ чыздЖытыл зилы», — фыста уыцы «хæрзгæнæг». Ницæмæ æрдардта Динæ уыцы хæрзгæнæджы фæ- дзæхст, алкæмæй алцы дзурæд, фæлæ Батыр, йæ горæттаг Батыр Динæйыл сайдæй никуы разилдзæн. Фæлæтауæдмæ мæпæ уыцы хæрзгæнæг ногæй æрхъуыды кодта Динæйы, мæнæй-ма, нæ йæ фæнды ацы хæдзар, ацы бинонты «æв- зæр» æмæ йæ удæй арт цæгъдьт. «Фыстои ма.дæм, фæлæ мæ фыстæг, æвæццæгæн, де ’фсины къухтæм бахауд æмæ дын æй нæ равдьтста. «Дæ» Батыр тагъд дæу нал уыдзæн, заводы чу æвзонг конструк- тор чызгимæ сбæндæн. Чи у, уый дын нæ зæгъын, дæ цæс- тæй куы ракæсай, уæд æй дæхæдæг агурдзынæ». Æмæ та æуыцы ныхæстыл йæ фыстæг балхынцъ кодта «хæрзгæнæг». Ацы хатт Динæйы фæндыд æви нæ, иыдæр йæ зæрдæ сЬæкъæпп ласта. Афæстаг рæстæяжьтты Батыр æрæгмæ æрбацæуы йæ куыстæп, цыдæртæ фæдзуры, уым ып æмбырд уьтд, уым фæскуыст зиу ракодтам, æмæ-ну Ди- нæйы зæрдæ дæр æрсабыр. Ныр афтæмæйты нал чъил кæ- ны йе ’взонг зæрдæ... Æниу æй. Батырæй уый ннкуы ба- уырндзæнис. Батыр ахæм нæу. Динæйы фæнд фидар уыд, йæхпцæн загъта: «Батыр уыдонæй нæу!» Фæлæ та-иу уæд- дæр æмæ уæддæр йæ зæрдьтл æрлæууыд ирон æмбисонд: «арт æнæфæздæг нæ вæййы». Æндæр хабар уыд Батырмæ. — Мæнæ ма кæй федтон, — иу къæлæсытæконд мане- кенгонд чызг заводьт рахизæны Батырыл амбæлд æмæ ци- нæй, зæххьтл пал хæцьт, — кæдæй-уæдæй ма... — диссæгтæ кæны чызг æмæ Батырьт дæларм йæ къух фæцавта, — ахæм физо,нæг нæм ис æмæ йæ хус сымаг фæсхохмæ дæр кæ- льт. -*-Чызг дзуры æмæ лæппуйыл, митьт тъыфылау, у ата- йынæввонг. 112
— Хонæг ма уай, Сафиат,— Батырæн æхсызгон уыд йе скъолайон æмбал чызджы фенд, — раст цыма мын мæ зæрдæмæ искуыцæй ныккастæ, афтæ мæм кæсы, æмæ уæм иæй физонæг ис? — Дæхæдæг æй фендзынæ, мæ мад мын æдзух дæ кой фæкæны, дæуæй мын феппæлы. цыма дæ æз нæ зонын. — Бæгуыдæр, ды мæ кæцæй зоныс, скъола каст куы фестæм, уæд ды дард, хъарм бæстæм атахтæ, дæ мад та ам баззад æмæ мæн хуыздæр зоны. — Ныхас йæхимæ айста Батыр. — Уæдæ кæм дæ, куыд дæ? — Мæнæ дæн, кæд дæ зæрды исты ис, уæд! — Æнхъæлдæн, хонгæ мæ ды фæкодтай! - — Æмæ уый мæнг нæу, мæ бирæ æмбæлттæй æдзухдæр дæу мысыдтæн, тæхуды, зæгъын, дæм искуыцæй бакæс. Бынтондæр фæивтай. — Ома? — Æз цы Батыры зыдтон, уый нал дæ. — Ды дæр, Сафиат, цыма фæивтытæ кодтай, скъолайы цы къæсхуыртæ чызджы зыдтон, уый цыма нал дæ. — Загъта Батыр æмæ зулмæ чызгыл йæ цæстытæ æрхаста. — Уæддæр кæм дæ, дæ къух ныл куыд систай? — Уадз, Батыр, уымæй мæ ма фæрс, фæстæдæр. — Са- фиат фенкъардгъуыз кодта йæхи æмæ лæлпуйы цонгыл йæхнрдæм аив æрбахæцыд. — Кæм фембæлдыстут кæр’æдзийыл. — Сафиаты мад Гæджион дыууæйы къæсæргæрон куы ауыдта, уæд сцин кодта, — Батыр, кæдæй-уæдæй ма нын нæ къæсæрыл дæ къах æрæвæрдтай, раст нæ кæныс, раст, зæрæдты рох нæ хъæуы. — Гæджи (кæсдæртæ афтæ хуыдтой Гæджионы), æмæ уæ чи рох кæны? Сымахты фæрцы ма куы лæууы кæсдæр- тьт хæлардзинад йæ къахыл. — Гæджи, уый та дын уазæг, ныр дæхæдæг зоныс, фи- зонæг нын ма бахæлæг кæн. — Сафиат, хæдзары къæсæ- рæй йæ къах куыддæр бавæрдта, афтæ бахатыд йæ мадмæ. — Уыныс, лæппу куыстæй цæуы. — Ууыл мын уæ сæр дæр ма сриссæд, æгайтма Батыры нæ къæсæры дуарæй æрбахизгæ федтон, — загъта мад æмæ йæ зæрдæ цинæй райгæ, хæринаггæнæнмæ атындзыдта. Сафиат дæр уæгъды нæ бадт, лæппуйы пъалто æмæ худ рагъæныл сауыгъта æмæ йын баидонмæ ацамыдта. — Нæ, мæнæ диваныл æрбадæм, мæ альбом дын фенын кæлон. — Дæ диплом ма фæрæди. — Батыр æмæ Сафнат скъо- лайы дæр хæлар уыдысты æмæ йæм уыцы æргом ныхас 8. Харебаты Л. 113
дæр уымæн сфæрæзта, кæрæдзи зыдтой. — Диплом? — чызг цыдæр ферхæцыд. — Æмæ уый куы уа, уæд исты фæивдзæн? — Цæуылнæ, ахуыргонд, размæдзыд, цардæн йæ гуыл- фæнты архайæг... Бирæ цыдæртæ у диплом. Мæнæ мæныл сом-сомæй рæстæг азгъордта. — Уæдæ кæд афтæ у, уæд дын мæнæ мæ диплом,— загъта Сафиат æмæ Батырмæ уазал зæрдæйы уагæй хъæ- бæрцъар чиныг радта. — Гъе, уый æндæр хабар у, — сцин кодта Батыр æмæ барджынæй чызджы йæ риумæ æрбалхъывта.—Уæдæ уал азы «сæфт» кæй фæдæ, уый дын хатыр кæнын, — дзуры лæппу æмæ чызджы ноджы йæхимæ æнгомдæр æрбал- хъывта. Сафиат цыдæр æнахуыр хъарм банкъардта æмæ ан- дзыгау, стæй сабыр хæрдмæ скаст лæппуйы цæстытæм, фæ- лæ сæ чызг ахæмæй ницы федта, йæ зæрдæ цæмæ фæкъæпп кодтаид, йæ зæрдæ сыл цæмæй фæлæууыдаид... — Æмæ уæдæ ахæм дипломимæ кусгæ та кæм кæныс, æви диплом куы уа, уæд цард йæхи къахæй цæуы? — Ба- тыр чызджы куы суагъта, уæддæр ма йæ хъазæн ныхас адарддæр кодта. — Æви нырма Гæджийы кæрцы фæдджи- йы цыдæртæ ис? — Раст дын куы зæгъон, уæд дзы нырма цыдæртæ згъæ- лы, фæлæ уый уадзæм, æз тагъд райдайдзынæн кусын. Æрбæстон уал он æмæ, — загъта Сафиат æмæ диваныл æрбадт, йæ фарсмæ йæхи æруагъта Батыр дæр. Чызг æм хæстæгдæр бабадт æмæ дыууæ буары кæрæдзийыл ныдзæ- выдысты, афтæмæй фæлдæхтой алыхуызон къамтæй едзаг альбом. Иу нывмæ дзы бирæ фæкаст Сафиат æмæ стæй Баты- ры афарста. — Ам ма дæхи ссар. Батыр къаммæ дзæвгар фæкаст æмæ нæ хъуыды кодта кæцæй, куыд. — Кæйдæрты дзы зонын, цыма, дæлæ уый æз он æмæ ардæм кæцæй æрбафтыд? — Уый раджыйы хабар у, кæмдæр нæ хъазгæйæ къами- сæг фелвæста æмæ йæ стæй мæ мадæн балæвар кодта. Мæнæн мæ цинæн кæрон нал уыд... ! — Фыццаг хатт уæд систай дæ къам, цæуыл цин код- тай? I —Нæ мæ æмбарыс. Нæ сыхы сывæллæттæ æмæ ма дьг дæр немæ кæй разындтæ къамы. Ацы ныхæстæ Сафиат цыдæр хъарм, цыдæр æнахуыр 114
æнкъарæнджын зæрдæйыуагæй загъта æмæ Батыр иудзæв- гар сдзурын ницыуал сфæрæзта. Æрмæст уæд фæхатыд Батыр, Сафиат æм æввахс кæй бады æмæ йæ рæстæгæй- рæстæгмæ чызджы буары хъарм кæй судзы. Сафиатæн ацы æхсæв бæрæгбон кодтой йæ цæстытæ. Рагæй нал федта’ Батыры æмæ йын ныр йæ фæтæн ныв- гонд уæхсчытæм куы фæкомкоммæ вæййы, уæд цыдæр сбуц вæййы. Æмæ куыднæ. Батырыл азтæ сæ уæздан да- рæс скодтой, йæ рæзынæй ныллæууыд æмæ йын азтæ йæ уæнгтæ, нывгæнæгау, сæ гаччы æрбадын кодтой. Сылгой- маджы цæст цæуыл схæцыдаид, æмæ æнцонтæй атонын кæмæй нал куымдтаид, ахæм уынд æмæ йын хъару слæвар кодта æрдз. Сафиат дæр уыпдцух пæ уыд, фæлæ ма сылгоймæ’гтæн хуыцау сæ уынды уæлдай радта хи фæрæсугъддæр кæны- ны фадат æмæ йыл Батыры фысым чызг дæр йæхи нæ атигъ кодта. — Цы дзæбæх уыдтæ чысылæй дæр. — Сафиат альбом йæ былтæм схаста æмæ Батыры къамæн апъа кодта. — Дæ радтæг дæ кæмæн радта, уымæн хайыр фæу. Ацы хъуыддаг цыдæр æнахуыр диссаг фæкаст Батыр- мæ. Иудзæвгар æм сдзурын не ’сфæрæзта, стæй йæ хъазæн ныхас нал баурæдта. — Къамæн пъатæ кæныны бæсты мæнæ удæгасæн апъа кæнай, уый хуыздæр нæу? — Æмæ Сафиаты уæхсчытыл йæ цонг æрбатыхта, йæхимæ йыл æрбахæцыд æмæ йын ад- джын пъа акодта. — Афтæ, ды къамæн, æз та — дæуæн. Лæггад дыууæрдæм у. Уæдмæ дуарыл æрбалæууыд Гæджи. — Ам ма стут, уæ хъæлæба куыднæ хъуысы. Батыр цæмæй фефсæрм, уый йæхæдæг дæр нæ базыдта, фæлæ цыма фæсырх. Æниу уый йæхимæ афтæ фæкаст, æндæра мад бынтоидæр ницы фæхатыд. Ахæм адджын уысм афтæ тагъд æрбатары уыдзæн, уый æнхъæл нæ уыд Сафиат æмæ цыдæр фенкъард, мады фæ- зынд ын æхсызгон нæ уыд, фæлæ йæхи нæ басаста. — Ам бæргæ стæм, Гæджи, фæлæ нæ ды ферох кодтай æмæ нæ альбом ныр æвдæм хатт фæлдæхт фæфæуы, — сдзырдта Сафиат æмæ сыстад, рахæцыд Батыры цонгыл, иугæр нана фæзынд, уæд алцы нывыл у, загъта, æмæ хæ- рæндонмæ ацыдысты. Мады цæст ницы бахæлæг кодта йæ чызг æмæ йæ чыз- джы уазæгæн, дзыкка, физонæг, тæнцъар хæбизджынтæ. — Арт дæ, Гæджи, арт. Афтæ тагъд сæ куыд ацæттæ кодтай? П5
— Гæджи арт бæргæ у, йæ чызг дæр ма мадæй куы фæ- уыдаид, — хъазы Батыр æмæ йæм Гæджи цы сыкъа æрба- дардта, уый райста. — Акув, дæ сæрыл мæ æрхæссай, сæгъæй сæгъ цæуы, фысæй та — фыс. Дæ фыды дын æз хорз зыдтон, тынг уæз- дан лæг уыдис, нæ горæтм хуыз иста, стæй куыд хиуыл- хæцгæ лæг уыд, уæлдай 1/ыхас дзы нæ фехъуыстаис. — Иннæ хатт нæм куы ’рбацæуай, уæд дын æз уыдзы- нæн фысым, æмæ уæд фендзынæ, Гæджийы цæхæрæй мæн- мæ дæр ис æви нæ.— Сафиат Батыры æлхынцъ ныхасæн худгæ дзуапп радта æм е лæппуйы цæстытæм фæрсæджы каст бакодта. — Цы, расг нæ дзурын, алцы дæр фенгæйæ у. — Мæ чызг, нæлгой^ аг хисдæр у, стæй йæ къухы сыкъа куы уа, уæд та йæм сд ^урæн нæй, бауадз æй æмæ дыууæ ныхасы зæгъа. Уыцы æхсæв диссаджы хорз зæрдæйы уагимæ цыд сæ хæдзармæ Батыр, хъуыдытæ йæ сæ базыртыл систой æмæ йæ арвы милтыл раскъæф-баскъæф кодтой. Ахæм æнкъа- рæнтæ æмæ ахæм цины уылæнтæ рагæй нал базмæлыдыс- ты йæ фæтæн риуы æмæ ныр зæххыл нал хæцыд. Фæлæ цы у йæ зæрдæйы хорз равгæн йæ аххосаг, уый лыстæг саси- рæй балуарын нæ ф ерæзта æмæ дзы бындуронæй цы хаба- рыл тынгдæр ных^ æцыдаид, уый рафæлгъауыныл фæл- вæрдта йæ цинæйед^аг уд. VIII — Спичкæ дæм нæ уыдзæн? — Батыры раз чидæр, æнæ- зонгæ лæппу фæзынд, йæ бапъироз йæ къухы, афтæмæй. — Тамако дымгæ нæ кæнын, фæлæ мæм цыма æртхос ис, — загъта æмæ йæ дзыпмæ нывнæлдта, ацагъта йæ æмæ зынг лæппуйы былтæм куыд хъуамæ бадардтаид, афтæ æнæзонгæ дард фæхаста æмæ Батыры былтæн цæф. Батыр цалдæр къахдзæфы ацух-мух кодта, фæлæ йæхи баурæдта, нæ ахауд. Æнæнхъæлæджы хабармæ иудзæвгар фæсæццæ, цæф ахъаззаг уыд, фæлæ цы ’рцыд, цы ракодта, уый йæ зонд æрцахсын нæ фæрæзта. Уæдмæ та йæм лæппу йæхи бауагъта æмæ та дыккаг цæф, æртыккаг. ’ — Ацу æмæ-иу æй дæ мадæн раппæл, искæй уарзонмæ хъуызын"цы нысан кæны, уый дын æй кæд уæддæр бамба- р^лн кæнид! — ауад Батыры хъустыл, фæлæ йæхиуыл нæ баууæндыд. — «Кæд мыййаг мæ зæрдæйы уынæргъд уыд?» Фæлæ та уæдмæ æнæзонгæ йæхи æрцæттæ кодта, нæ 116
къух та дард фæхаста æмæ аныр Батырыл æрхауа, афтæ Батыр йе ’муд æрцыд, лæппуйы къух ацахста, йæхирдæм ыл æрбахæцыд æмæ йын тымбыл къухæй йæ риу ныццав- та. Хылгæнæг уæлгоммæ ахаудта. — Æнхъæлын, дæ фаг дæ фæцис, гъеныр та-иу ды рап- пæл дæ мадæн. — Батыр æм хæстæг бацыд, йе ’фцæгготыл ын схæцыд, рабадын æй кодта æмæ йын йæ цæстытæм нык- каст. Цыдæр æнахуыр, æнæзонгæ æнгæс. Ардыгон нæу, уый базыдта. «Дæ мæлæт мæнæй цæмæн агурыс, чи дæ, цы дæ, мæнæй дæ цы хъæуы?» Лæппу йе ’муд куы ’рцыд, уæд та йæхи баивæзта. — Нæ, нæ. Дæхи хуыцауы бар ныууадз, — сдзырдта Батыр æмæ лæппуйæн йæ къухтæ аздыхта. — Куыдз, сусæ- гæй хæцын кæм сахуыр дæ, дæ раттæг æндæр мацыхъом бауа! Лæппу Батыры цæнгты тых куы банкъардта, уæд æнæ- сымæй зæхмæ ныккаст. Батыр æй асхуыста æмæ йæ фæстæ адзырдта: — Цæугæ кæн, фæлæ зон, тых дæм куынæ уа, уæд, тæр- хъус уæвгæйæ, дæ риуы домбайы тых ма ’нхъæл, бабын дæ кæндзæпис. Æнæзонгæ иугæр Батыры къухтæй куы суæгъд, уæд ма: «фæлæу, фендзыстæм», — бартхъирæн кодта æмæ, цух- мухтæгæнгæ, фæцæуæг. Батыр, хъендурау, уыцыиу бынаты сагъдæй баззади æмæ йæм кæд йæ лæбурæг нал зынд, уæддæр æдзынæг каст йæ фæдыл. «Чи уыдаид, цы йæ хъуыдаид мæнæй?» Ацы фарст ын æнцой нал лæвæрдта. «Нæ йæ хъуыд ауадзын, цæуылнæ йæ бафарстон: чи дæ, • кæмæй фесæфтæ, кæмæй фæдзæгъæл дæ?» Æрæджиау йæхи æрæмбæрста, йæ уæлæдарæс бадзæ- бæхтæ кодта æмæ сахатмæ ркаст, уыд æхсæвы дыууадæс: «Куыд тагъд ацыд рæстæг», — фæсмонгæнæгау химидæг сдзырдта æмае сындæггай хæдзармæ араст. Батыры хатæнæй ма дыдзы рухс калд, иннæ хатæнтæ иууылдæр тары аныгъуылдысты, бинонтæ фынтæ уыдтой. Æрмæст Динæ рафт-бафт кодта йæ сынтæджы, иунæг фарст нал хызт йæ сæрæй: «Кæм уыдзæн, кæм уыдзæн?» Фæлæ уыцы фарстæн дзуапп нæ уардта. Кæд æй уыдоныл хъуыды кæнын нæ фæндыд, уæдда^р, стæй фестъæлфыд, йæ зæрдыл æрлæууыдысты æрæджыйы æнæном фыстæджытæ æмæ мидæмæ, æнæхонгæ уазæгау, зæрдæйы дуæрттæ къуырцц-къуырцц кодтой, бырстой æмæ сæхицæн æвзонг Динæйы зæрдæйы уæрæх бынат агуырдтой. «Чи у мæ хæрзгæнæг, арт æнæфæздæг нæ вæййы, — хъуыды кæны 117
æмæ йæхицæн йæхи Батырæй стыр ныфсытæ авæры. — Нæ, Батыр мæн никуы ауæлдай кæндзæнис, Батыр мæныл сай- дæй никуы рацæудзæнис». Динæ ахæм хъуыдыты куы уыд, раст уыцы рæстæджы дуары хъæр фæцыд æмæ æвзонг зæрдæ цинæй схæлбурцъ кодта. «Уый Батыр у, мæхи Батыр. Ныртæккæ йæ ардæм хъæуы, фæлæ нæ, акæсон æм, уæд та æххормаг у», йæзæр- дæ нæ фæлæууыд, фестад, йæ халат æрбакодта æмæ йæ размæ атындзыдта. Къæлидоры рухс ссыгъта æмæ федта: Батыр ныггуыбыр, архайдта йæ къахыдарæсимæ. Батыр базыдта: Динæ ис йæ фарсмæ, лæууы йæ уæлхъус, æн-^ хъæлмæ кæсы, йæ цардæмбал æм кæд сдзурдзæн, кæд фервæздзæн йæ мийæ æмæ йыл кæд атыхсдзæнис. Фæлæ Батыр нæ тагъд кодта, нæ йæ фæндыд, Динæ йæ афтæмæй федтаид. Уæдмæ йæ хъустыл ауад Динæйы тыхстхуыз фарст. — Батыр, цы кодтай, цы дыл æрцыд? Батыр йæ сæрыл схæцыд, стæй слæууыд æмæ Динæйы цæстытæм æдзынæг ныккаст. — Цы кæныс, бынтондæр дæхи хуызæн куынæуал дæ? — ахæм æнкъард æмæ фæлмастхуызæй Динæ Батыры никуы федта. Сылгоймаджы зæрдæ зонаг у, йæ цæстæнгасæй ни- цы ирвæзы. Батыр каст Динæмæ сабыр, æдзынæг, æрæджиау, хъæр- зæгау, скодта. — Ницы мын у, фæлæ мын уыдаид, мæхицæй тыхджын- дæр куы разындаид, уæд. > Хорз хабар ыл не сæмбæлд, уый нырмæ дæр Динæ ха- тыдта, фæлæ йæ ныр бынтондæр Батырыныхас сдыгъуырц- цæг кодта. — Æргомдæр зæгъæн ьтн нæй? Цы уыд, искæимæ фæ- хыл дæ? — Хыл дæр хылы хуызæн куы уыдаид! — æмæ дзургæ мидæмæ, хатæнмæ, бахызт, йæ фæдыл ацыд Динæ дæр. — Кæимæ, цæй тыххæй? Уыцы фарстæн Батыр цы дзуапп раттаид, нæдæр хъу- зоны бадæджы зыдта, нæдæр хылы аххос. Æрбадт. — Стонджы дын уыдзæн, исты дын ахъарм кæнон? — Ницы мæ хъæуы. — Дæ хуыз дæхимæ нæма æрцыд, хыл æрæджы уыд? 1—Æрæджы.—Æмæ Батыр радзырдта: чидæр, æнæзон- гæ’иæ разы куыд бабадт, æртхос дзы куыд æркуырдта, уый йæ дзыпмæ куыд æвнæлдта, афтæ йæ уый куыд ныццавта... — Уæддæр цæй тыххæй? — Динæйы зæрдæ йæхи къул- тыл бахоста. 118
— Дæуæй хъауджыдæр ын æз дæр ницы зонын. 1 —Ау, æппын дæм ницы сдзырдта? ’ —Дзырдта нæ, рæйдта. — Уæддæр æй дæуæй цы хъуыд? Батыры цæстæнгасыл зынд, Динæйæн алцы æргомæй иæ дзуры. Æмæ та йæ хынц фарст акодта. . — Цæмæн, цæмæн, цы рæйдта? —Динæ ахъуыды код- та: «кæд, мыййаг, Батырмæ дæр цæуынц уыцы æнæном фыстæджытæ, фæлæ нæ. Мæн тыххæй Батырмæ чи цы хъуамæ ныффысса. — Фæлæ та-иу хъуыды иннæрдæм ныз- зылд. — Æмæ уыцы хæрзгæнæг Батыры тыххæй раст фыс- сы?» Ахæм æмæ æндæр фарстытæ цалынмæ Динæйы сæры, зæрдæйы сæхицæн дзуаппытæ агуырдтой, уæдмæ рай- хъуыст Батыры дзуапп æмæ Динæ бынтондæр сагъæсты ацыд. Мæ усаджы, дам, мын исыс! Динæ андзыг. Иудзæвгар дзурын ницыуал сфæрæзта. Стæй æрæджиау æнкъардæй бафарста: — Дæуæй загъта? — Мæнæй, уæдæ кæй цавта, уый нæ зыдта? — Кæд ын æндæр кæимæдæр фæивддзаг дæ? Динæ ма къæхтыл лæууыд, фæлæ йæ йæ мидбынаты æрхауынмæ би- рæ нал хъуыд. «Мæ хæрзгæнæг», «мæ хорзмæбæллæг» хуы- мæтæджы нæ фыста. Йæ зæрдæ йæхи къултыл ныххоста. «Батыр кæйдæр усаджы исы, æз та? Æз та?» Фарстытæ æд æрцытæ сæхи æрбауагътой æвзонг Динæйыл æмæ йæ сæ бырынкъыл систой. Фæлæ Динæ — хæд-зонд сылгоймаг, йæхи фæфидар кодта, зæрдæ кæд дыгъуырццæджы мигъты бацыд, уæддæр сыл фæйнæрдæм ахæцыд, йæхи тыххъæл- дзæг скодта. — Ууыл ма мæт кæн, царды цынæ вæййы, фæлæ дæ- уæй? Нæ! Æндæр исчи ма о, фæлæ ды, мæхи Батырмæ уьт- цы арты стъæлф никуыцæй æрбахаудзæн. Цом æрулæф, иугæр æхсæвæр нæ хæрыс, уæд. Ферох кæн дæ маст. Тыхаразгæ хъæлдзæг æнгас æнцон рахатæн у, Батыр Динæйы цæстыты федта цыдæр æнахуыр дызæрдыгдзинад. Фæлæ цæй тыххæй у, уымæн ницы дзуапп ардта. Батыр алцы лыстæггай нæ радзырдта, нæ йын загъта: куыстæй куы рацыд, уæд ыл заводы кæрты рахизæны Сафиат кæй амбæлд, сæхимæ йæ хæссæгау кæй акодта, куыд ын апъа кодта, нæртон фынг ын уайтагъд йæ разы куыд авæрдта Гæджи — Сафиаты мад. Уыдæттæ фехъусгæйæ, чизоны, Динæ истæуыл фæдызæрдыг уыдаид, фæлæ цынæ вæййы: «кæд мæ, мыййаг, уыцы аууоньт гуьтрд искæцæй хъахъ- 119
хъæдта æмæ ардæм дæр исты фæхабар кодта. Æмæ фæха- бар кæнæд, ничи бацæуы йе ’мбалмæ, — фæлæ... Йæ зæр- дыл æрлæууыдысты Сафиаты æнахуыр узæлдтытæ, уыцы фæлмæн, зæрдæарауæг пъа. — Уый æгæр уыд, мæхицæн цæмæн радтон ахæм бартæ? Нæ, Динæ уыдæттæ нæ зо- ны». — йæхицæн загъта фидарæй. Æндæр хабæрттæ цыд Динæйы зæрдæйы. Иæ хъуыды- кæнынады æхгæд дуæрттыл æвæрд гуыдырты дзыгъал- мыгъул сæхъуыст. Мæнæ чидæр архайы уыцы гуыдыртимæ, дæгъæлтæ сты йæ къухы æмæ сæ радгай кæны. Нæ фæн- ды Динæйы уыцы æхгæд дуæрттæн сæ гуыдыртæ исчи ба- кæна. Фæлæ алцыдæр æрдзы сконд у. Æрдз та ахæм у æмæ йын йæ æнæфыст закъæттæ фехалæн нæй. Зæй фенкъуы- сын кæнынæн иу æхситт дæр фаг у. Æхситты уылæн ныр- ма уал банкъусын кæны иу уæлæнгай миты тъыфыл, стæй уый иннæйы, иннæ — аннæйы æмæ, гъей, мардзæ, зæй бæс- ты цъар йемæ рахæссы. Афтæ у тулаг дур дæр. Кæмдæр хохы сæр йæхицæн фидар бынат бацахсы æмæ уырдыгæй фæкæны сæрджын саджы каст. Ничи йын ницы хъом вæй- йы. Æниу уый йæхимæ афтæ фæкæсы, æндæра рæстæг æмæ дугæн цы фæразы. Иу бон йæ бынатæй фенкъуысы, нырма уал химидæг, фынæй лæгау, базмæлы; арæдзæ-мæдзæ кæ- ны, стæй кæс æмæ ды уымæ! Уромæг æй нал фæуромы, цас дарддæр фæтулы, уыйас цырдæй цырддæр... Фенкъуыст? Нæ! Уыцы дур ныззæмбыдта Динæйы зæр- дæйы, фæцыд уыцы æхситт æмæ миты тъыфыл, хохы сæр, æхситты уылæнмæ базмæлыд. Æнкъардæй ныххуыссыдысты дыууæ æвзонг уды. Алчн дæр сæ иу иннæйы раз, мыдадзын цырагъау, раст’ æмæ сыгъдæг у. Фæлæ се ’хсæн фæзынд фарст: «Цæмæн?» Æмæ уый йæ кæнон кæны. Куыд фæзæгъынц, бирæгъ, дам, йæ кæнон зæнгыл дæр нæ уадзы. ...Цыдысты бонтæ. Батыры фæлмæнтæ, хъæбулуарзаг мад Хæрзæгоны æп- пæтзонæг æмæ æппæтæнкъараг зæрдæ уыцы æхсæвæй фæ- стæмæ нал уыд йæ адыл. Йæ кæсдæртæ цыдæр сæхи адыл нал сты. Æрæджыйы хъарм сæм нал хаты. Цыдæр уазал сæ кæлы иуæй иннæмæ, мæнæ хохы бæрзæндтыл бадæг иу цъитийæ иннæ цъитимæ уазал комы тæф куыд кæла, аф- тæ. Батыр цыд йæ куыстмæ. Куыста Динæ дæр, стæй йæ ном^л фыстæджытæ дæр фæцарæхдæр сты. Иуизæр та уы- цы «хæрзгæнæг» бынтон «æргом» рацыд. Телефоны дзæн- гæрæг фæцыд. Динæ телефоны хæтæл систа: — Хъусын. — Райхъуыст Динæйæ. 120
— Хъусгæ ма кæн, фæлæ дæ цæстæй ракæс.— Уайдзæф кæпы телефоны æнæзонгæ лæг Динæ химидæг ныррызт. — Чи дæ? Цы дæ хъæуы мæнæй? — Æз чи дæн, уый дын уыйас ницы ратдзæнис, фæлæ ма дæ дзаумæттæ акæн æмæ... Æмæ уыцы- «хæрзгæнæг» Динæйæн загъта адрес. Æуым æмæ æуым дæ хорз Батыр рæстæг æрвиты... — Нæ дæ уырны? — дызæрдыг фарст бакодта Динæйы. — Æмæ уым диссагæй цы ис? — цыма никуы æмæ ни- цы, йæ тыхст нæ равдыста, афтæмæй дзуапп радта Динæ. — Ницы...— æмæ дзурæг-«хæрзгæнæг» телефоны хæтæл æрæвæрдта. Динæ ма æнхъæлмæ каст, фæлæ... Уый дæр æнкъардæй æрæвæрдта хæтæл. Уыцы фæстаг дзырд: «ницы» бынтон ницы нæ уыд. Динæ- йы зæрдæйы схæлбурцъ кодта. Куыд уыд, .цы уыд, фæлæ Динæ йæ хæдзарон дарæс раивта æмæ... Æмæ ацыд, «хæрзгæнæг» ын цы адрес бацамыдта, уырдæм. «Хъуамæ йæ мæхи цæстæй фенон, ацы хатт хъуамæ сбæрæг кæнон мæ «хæрзгæнæджы» рæстдзинад, — алыг кодта Динæ æмæ мæнæ бахæццæ Коцойты Арсены уынг- мæ. — Кæцæй райдайынц номыртæ? — фæрсы йæхи æмæ йæ цæстытæ æхсæвы прожектортæ фестадысты. Цы хæ- дзармæ сæ фæкомкоммæ кæны, уырдыгæй йæм рартти- вынц хæдзары номыртæ. Мæнæ, гъе, уыцы хæдзар дæр. Рухс, райдзаст. «Уым? Уым уа мæхи Батыр?» Бахойа дуар æмæсæм бацæуа. Нæ, фæлтау сæм банхъæлмæ кæсдзæнис. Динæйы фæнды Ба- тыры рæстдзинад базонын. Хъуамæ йæ йæхи цæстæй фена ацы хæдзарæй рацæугæ, кæддæра йын уæд та цы зæгъид, йæхи куыд æмæ цæмæй раст кæнид. Афтæ у цард. Иу æм куырмæй цæуы, иннæ та — æд хо- тыхтæ, кардæлвæстæй. Иу дзы бабын вæййы æрмæстдæр уый тыххæй, æмæ йын уавæр йæ цæстæй æххæст ракæсыны фадат нал фаедæтты. Иннæ та æгæр гæрзифтонг вæййы æмæ тохы бацæуы. Тохы бадæуын та сæрнывæндтæ домы, ирвæзæн дзы нæй. ’ Иннæ хæттыты куыд уыд, ацы хатт афтæ нæ рауад. Ба- тыры йæ къах хæссын байдыдта Сафиатмæ. Фыццаг бонты, ома райдианы йæхиуыл хæцыд, аив æм нæ каст, фæлæ æп- пæт дæр ахуырæй у. Æрмæст Батырæн ацы хатт «ахуыры» аххос нæ уыд. Фæстагмæ-фæстагмæ-иу бирæ фæхъуыды кодта, загъта-иу: «кæрон ын скæнын хъæуы, нал æрбацæу- дзынæн», фæлæ та-иу басаста йæ сомы, йæ фæндаг-иу ын æрæхгæдта цыдæр, æнахуыр тых. 12Г
Ацы хатт «æнæнхъæлæджы» фембæлд Сафиат ’ Баты- ^рыл. — Цæмæн нын ферох кодтай нæ хæдзары адрес? — худгæ, къæлæсытæ, цыма миты тъыфыл у æмæ Батыры хъарммæ атайдзæнис, ахæм хуыз æвдисы Сафиат æмæ уайдзæфтæ кæны Батырæн. — Æгæр бирæ куыст мын вæййы æмæ бафæллайын,— сдзырдта Батыр, бæрæг уыд йæ цæстæнгасыл, аххосаг уый нæу æмæ йæ Сафиат дæр бафиппайдта. Фæлæ ноджы йæ- хи фæхъæлдзæгдæр кодта. — Ныр дæр та дын бирæ куыст уыдаид, ныр дæр та фæллад уыдзынæ. — Цинтæ кæны Сафиат æмæ йæм булæ- мæргъау уасы, йæ хъусы йын зарджытæ кæны. —Цом æмæ мæ цуры абад, махмæ аулæф, стæй .ацæудзынæ, дæ рæ- сугъд ус дæр дын никуыдæм аирвæздзæнис. — Хъазы Са- фиат æмæ Батыры цонгыл æрхæцыд. Батыр дæр, цыма æрмахуыр уæрыкк уыд, уыйау фæрсæрдæм кæсгæ дæр нал фæкодта, афтæмæй араст Сафиатимæ... — Зоныс, цы дын æрцæттæ кодтон? — дзуры чызг æмæ йæ сæр бакъул кодта Батыры уæхскыл. Батыр дæр фæцахуыр чызджы ахасты- тыл æмæ йын хъыг нæ, фæлæ ма æхсызгондæр уыд Сафи- аты узæлд. Хæдзар уыд æфснайд, райдзаст, æрвылхатт куыд вæй- йы, афтæ. Фæлæ æххæст афтæ зæгъæн дæр нæй, ацы хатт Батырмæ ам алцыдæр хуыздæр æмæ рæсугъддæр фæкаст. Иннæ хæттытау, ацы хатт Сафиаты мад Гæджи сæ размæ нæ рауад æмæ хæдзар цыдæр æнкъард фæкаст Батырмæ. Сафиат, цыма, Батыры зæрдæмæ рентгены тынтæй нык- каст, уыйау базыдта йæ уазæджы зæрдæйы уаг æмæ йын йæ зæрдæ «схъæлдзæг» кодта. — Дæуæн ацы ’хсæв æнæ Гæджи ницы ад скæндзæнис, фæлæ ацы хатт бафæраз. Гæджи хъæутæм ацыд, нæ хæс- тæджытæй чидæр фæзиан æмæ мæрддзыгой ис. Батыр хынцфарст кæнын нæ уарзта, стæй алцыдæр бæ- рæг уыд, фæлæ уæддæр бацымыдис кодта, чи фæзиан, уый чи уыд, цы хæстæг сын уыд æм^æ Сафиат радзырдта. — Ме стыр мадыфсымæрты лæппу уыд, уырысмæ кусынмæ ацыд, æмæ та уый дæр доны бахауд, уый дæр та доны фæхуыдыг. Ацы ныхæстæ Сафиат, катайгæнгæ, афтæ ’сдзырдта æмæ Батыр бамбæрста, лæппуйы та йе ’хцайы тыххæй чидæр амардта. Фæцис марды кой дæр, Сафиат уайтагъд хъуыдытæн сæ цалх иннæрдæм ныззылдта. — Мæхи Батыр, — йæ цæнгтæ айтыгъта æмæ йæхи бап- пæрста лæппуйы хъæбысмæ. — Уыцы дыууæ дзырды Сафи- 122
ат афтæ уæздан, афтæ рæсугъдæй сдзырдта, стæй сæ уый- бæрц хъарм бауагъта æмæ Батыр-усджын лæг, хъуыды дæр нал акодта, цы аразы, ууыл, афтæмæй йæ хъæбысы фелвæста, зæрдиагæй йын «мæхи Батыр» чи загъта, уыцы уæздæттæконд Сафиаты. Ноджы хæдзары стыр фарн, Са- фиаты мад Гæджи бынаты нæй, уыцы хабар цыдæр стыр бартæ раттын кодта дыууæйæн дæр: фысымæн дæр æмæ уазæгæн дæр. Батыры цæнгтыл, денджызы хъазы пакъуы- йау, Сафиат срог, йæ сæр фæстæмæ ауагъта æмæ йæ риутæ ноджыдæр ныттынг сты, хæрдмæ «стоныны æввонг систы. Батыр сæм фæкомкоммæ, йæ цæстытæ сæ мидæг баззадыс- ты, ратонын сæ нал фæрæзта. Ноджы йæм хъуысы Сафиа- ты рог кæл-кæл худын, бæрæг у, чызг ахæм амондмæ кæй каст æнхъæлмæ. Ныр мæнæ сæххæст йæ бæллиц, ис йæ ха- тæны нæлгоймаг, тыхджын, нуарджын цæнгты хицау æмæ стæй чи у, рагæй йæ зæрдæйы кæй хæссы æмæ хаста, уыцы Батыр. Ныр ис уыцы Батыры цæнгтыл æмæ аргъæутты дунейы ацыдысты йæ зонд, йæ хъуыдытæ, йе ’нкъарæнтæ. Ноджы рог конд, рог дарæс æмæ Батыры æыкъарæг зæрдæ æмæ æппæтуынæг цæстытæ ралидз-балидз кæнынц Сафиа- ты буары йлы хай, алы нуарыл дæр... — Æруадз мæ зæхмæ, æруадз мæ! — фæччыгъæдæн дзуры Сафиат, — æруадз мæ, ма мæм кæс. — Нæ, хъуамæ дæ ахæссон, — — Дыккаг усæн? Ацы фарст цыма уазал дон уыд, æмæ дзы Батыры тæвд зæрдæйыл къæртайыдзаг æрбакалдæуыд, уыйау æвиппай- ды йæхи æрæмбæрста, ауазал сындæггай, йæ хъандзал цæнгтæ æрлæмæгъ сты æмæ Сафиаты зæхмæ æрæргъæвта. Цыдæр фенкъард Сафиат дæр. Æрмæст уымæн йæ аххосаг æндæр уыд. Цы хъуыды кодта, уый йын цæмæн фергом. Стæй дыккаг ус уыдаид, уымæ дæр нæ тырныдта. Ома ни- куы æмæ ницы, Батыры цонгыл ахæцыд æмæ йæ хæринаг- гæнæнмæ акодта. >(—Æрдæбон дын куы загътон, зæгъын, дын цы ’рцæттæ кодтон, уый зоныс, хъуамæ дæ хорз суазæг кæнон, кæннод æдзух Гæджийæ буц дæ, мæнæй дæ ницы ныфс ис. — Са- фиат коньячы агуывзæтæ райста, æрыдзаг сæ кодта,— хæрды размæ дзы аназæм, — бахатыд Батырмæ. — Сæ кæ- рæдзийæн рæвдаугæ ныхасæй акуывтой. Батыр быннозт акодта йæ агуывзæ, цыма йын дойны уыд æмæ йæ дойны басаста, уыйау æхцонæй сулæфыд. Сафиат дзы чысыл аца- ходыдта æмæ агуывзæ стъолыл æрæвæрдта, стæй Батыры цæстытæм бакаст. 123
— Баназ æй, — Батыр æм бахатыд, — ницы дын кæн- дзæнис. — Нæ уарзын нуæзт, фæлæ исчк куы фæнуазы, уæд уый уарзын, гъеныр, зæгъæм, мæнæ ды. — Схъæлдзæг Сафиат æмæ та Батыры агуывзæ æрыдзаг кодта. Æцæг æфсиниуæг райдыдта Сафиат, диссаджы фыд- джынтæ скодта, фынгыл фæзынд æндæр хæринæгтæ дæр. Хаты йæ уазæгмæ. — Мæнæ-ма уыцы кæрдих айс, фен æй! Куыстæй рацыд- тæ, æххормаг уыдзынæ. — Сафиат йæхæдæг дæр фынгмæ æвналы.—Мæхи къухæй дын хъуамæ иу бадарон, — зæгъы Сафиат æмæ агуывзæ Батыры былтыл сдардта. Анызта йæ, æмæ Сафиаты астæу ацахста, йæхимæ йæ æнгом æрбал- вæста. Æхсæвы уыд дыууæйы æрдæг, уæд Батыр æрымысыд йæ хæдзар, стæй йын уым та бинонтæ кæй ис. Сафиат йæ фарсмæ, уæрæх сынтæгыл, уæларвон зæдау, йæ цæнгтæ фæйнæрдæм аппæрста, фæлмæн базы ,йæ сæр æрныгъуы- лæгау кодта æмæ йæ хъуымбыл дзыккутæ, æхсæрдзæнау, ныззæй кодтой йæ. дыууæ хъусы фæрсты. Фынæй уыдаид? Чизоны. Фæлæ не ’нхъæл дæн. Уыцы æнахуыр адджын хъæбысты фæстæ, æвæццæгæн, загъта: Уадз æмæ ноджы- дæр Батыры зæрдæ бафсæдæд мæнæй, мæ уындæй, мæ буа- ры хъармæй. Æмæ æнкъарæг Сафиаты зæрдæ нæ фæрæдыд, Батыр æдзынæг каст Сафиатмæ, æмæ цыдæр æнахуыр цин æви маст, тас æви ныфс, æфсарм æви азым,— алцыдæр æн- къардта Батыр, фæлæ уæддæр йæ цæст нæ иста Сафиаты хæрзконд уæнгтæй. Куыд дард æм уыдысты ацы зырнæй- зылд зæнгтæ, хъандзалау æнгом, ныггуыппæввонг буар. «Цы ’рцыд, цы бакодтон?» — фæрсы Батыр, фæлæ кæй? Иæхи? Æмæ цы бакодта, уый искæй къухæй уыд. Йæхæ- дæг, йæхи удæй рацыд æппæт дæр. Сыстад, сындæггай йæ дарæс кæнын райдыдта. Нырмæ «фынæй» чи кодта, уыцы Сафиат фехъал. — Цæуыс? — афарста æмæ Батыры уæхсчытыл ацауын- дзæг. — Ма ацу, ахсæв ам баззай, ахсæв иумæ сбон кæ- нæм, дæ уды хъармæй мын кæронмæ мæ салд зæрдæ стæфсын кæн. — Нæй мын гæнæн, райсом мæ ардыгæй ахизгæ чи фе- на, уый цы зæгъдзæнис. -7 Цы йæ фæнды, уый зæгъæд, мæнæн мæ уд мæ бар у. -+-Дæуæн о, фæлæ мæнæн — нæ!.. — Аппар дæ хъадамантæ. — Цы уæлдай сæ ис. — Батыр бамбæрста, «аппар хъа- 124
дамантæ»— цæуыл дзурæг у, уый. Ома ахицæн у Динæйæ, ссæрибар дзы у... — Дæ хъадамантæ сыгъзæринæй сты, æмæ афтæ æн- хъæлыс, сыгъзæрин хъадамантæ уæнгтæ не ’лхъивынн? — Батыр Сафиатæн бамбарын кодта æмæ, хъазгæ-худгæ, цæ- уыны фæндагыл ныллæууыд. — Иугæр цæуыс, уæд ма дын цы кæнон. Ацу, фæлæ ма кæд фембæлдзыстæм? — Нæ ацы фембæлд уал нын батайæд æмæ стæй фен- дзыстæм. — Дæгъæл дæм радтон, кæрты дуар-иу сæхгæн. — Тыхсгæ ма кæн. — Батыр, — цыдæр лæгъстæгъуызæй сдзырдта Сафи- ат. — Батыр æрлæууыд, фæкаст æм. — Ма ацу, иунæгæй мæ ма ныууадз. — Нæ байхъуыста Батыр Сафиатмæ. — Нæй уый гæнæн, — загъта, æмæ йæ кæд æцæг Сафи- аты цурæй йæ къах нал хаста, уæддæр фæцæуæг. Уæд, уыцы рæстæджы та Динæйы уд уынджы æнхъæл- мæ кæсынæй рагъæнмæ схæццæ. Ацы хæдзары рудзгуыты рухсмæ йæ цыдæр ныббаста æмæ дзы йæ бæстытæ суæгъд кæнын нал бафæрæзта. Цал- дæр хатты загъта: «ацæуон». Æмæ-иу ацыд, раздæхт-иу хæдзармæ, фæлæ та-иу сæры магъзы ног хъуыды смидæг: «Нæ, хъуамæ ахсæв алыг уа хъуыддаг, хъуамæ мæхи цæс- тæй фенон æппæт дæр». — Загъта æмæ-иу ыл йæ уыцы .хъуыды фæуæлахиз, фæстæмæ-иу æй раздæхта, æмæ та-иу æй хъахъхъæнæг баурæдта. Æхсæв у хъарм, рог уддзæф сусхъæд бæласы сыфтæр- тимæ хъазыд, акъациты дидинты сабыр æнкъуыста æмæ сын фæйнæрдæм хаста сæ хæрздæф, адæймаджы зæрдæ сæм рог кодта. Æрдзы æмæ æхсæвы уыцы рæсугъддзинад Динæйы йеддæмæ иууылдæр æнкъардтой, æрмæст Динæйы уыдон нал æндæвтой. Уый бадт хъузоны æмæ æнхъæлмæ каст Батырмæ. Хатт-иу йæхиуыл фæхудт: «Ай цæмæ æр- хаудтæп, кæ сæрмæ цытæ хæссын? — загъта-иу, — фæлæ нæ, хъуамæ базонон, чи сæ у раст, мæ «хæрзгæнæг» æви Батыр?» — æмæ уыцы фидарвæндæй йæ хъуыддаг кæрон- мæ акодта. Ныр фæцыд кæрты дуары хъыррыст. Байгом. Динæ æгасæйдæр цæстытæ фестад. Чидæр дзы рахызт, фæйнæ- рдæм акаст, йæ цæст ахаста арвыл, стæй, сындæг къахг дзæфтæгæнгæ, араст уыпджы. Ацы ныв фенгæйæ, Динæйы ныббогъ кæнынмæ бирæ нал хъуыд, фæлæ йæхиуыл ныххæцыд, йæхи ныффидар 125
кодта. Æнæуый та уыд уыцы богъ, æрмæст æй æддæмæ, дунемæ нæ рауагъта. Динæ ныббогъ кодта йæ риумæ, зæр- дæмæ æмæ уыцы æнахуыр уынæргъдæй зæрдæйы къултæ фæйнæрдæм фæцæйскъуыдысты. Цыд æмæ уыдта Батыры, уый нæ тагъд кодта. Динæ уый бахынцыдта æмæ æндæр рæтты атындзыдта, нæ йæ фæндыд æмæ йæ Батыр хæдзары ма ’рбаййафа. «Цыфæн- ды раст куы уон, уæддæр мæ хæдзары куынæ баййафа, уæд, нæ зонын, цы ахъуыды кæндзæнис, уый бæсты мæхæ- дæг бахаудзынæн къæппæджы». — Хъуыды кодта Динæ, фæлæ... Фæндагыл йæхи æрæмбæрста Батыр. Йæ хъарм фем- бæлд. Сафиаты рæвдыд, Сафиаты уæздан узæлд... «Фын уа, æви? — йæхи фарста, — нæ, æмæ кæд уый æцæг уыдг уæд уый афтæмæй куыд ныууагътон, цы тых, цы хъару мæ ратыдта ахæм адджын фынæй, чи мæ райхъал кодта?» — фарста æмæ йын цыма исчи йæ хъусы дзырдта: «Дæу рай- хъал кодта намыс, фарн, Динæйы рæсугъд зæрдæйы уаз, æнæзынгдзæф æнкъарæн». Батыр схызт асинтыл, фæлæ цыдæр йæ зæрдæ фæ- къæпп кодта, ацы хатт йæ хатæнæй рухс цæуылнæ кæлы, «Динæ ма фæрынчын уа?» —атагъд кодта мидæмæ, Ссыгъта хатæны рухс, фæлæ... Динæ уым нæй. Сæры ныг- гуылф кодтой хъуыдытæ. «Кæм уыдзæн, цы фæуыдаид?» Нæ рауад Динæйы фæнд, Батыр фæразæй хæдзармæ, ацы хатт ын ирон æмбисонд нæ баххуыс кодта. «Дардыл азил æмæ дæ хæдзар ссарай». Динæ дæр дардыл бæргæ азылд, йæ хæдзар дæр бæргæ ссардта, фæлæ уый æгæр æрæгмæ уыд. Ныр цы кæна, æндæр гæнæн дзы нал ис, сындæггай, хъуызæгау схызт асины къæпхæнтыл, сабыр бакодта йæ хатæны дуар æмæ Батыры уым, джихтæгæнгæ, куы федта, уæд, цыма Батыр нæ, фæлæ йæхæдæг уыд зы- лынджын, уыйау, цыдæр æнахуыр тыхст скодта. — Дæуæн дæр та æмбырд уыдаид? — уымæй Батыры фæндыд, цалынмæ йæ Динæ нæ бафарстаид, уæдмæ йын, ома бамбарын кæнон, кæмдæр дзæгъæл нæ хæтыдтæн, фæ- лæ уыдтæн хъуыддаджы фæдыл, æмбырд нын уыдис æмæ уым бафæстиат дæн, зæгъгæ. Динæ иудзæвгар ницы сдзырдта, фæлæ æрæджиаг уæд- дæр йæхи ралæмæрста: — О, мæнæн дæр æмбырд уыд, дæуæн куыд уыд, афтæ! — Æмбырд, мæнæн куыд уыд, афтæ?! — Батыры цæсты- тæ рацæйхаудтой, афтæ йын астыртæ сты, сæ къуырфыты нал цыдысты. — Коцойты Арсены уынгыл, — фидарæй сдзырдта Динæ 126
æмæ ноджы загъта, уыцы уынджы Батыр цы хæдзары уыд’,. уый номыр дæр. Хорз уыд, æмæ Динæ загъта адрес, æндæра сабыр, фæл- мæнтæ зæрдæйы хицау Батыры риуы домбай феуæгъд æмæ Динæйы аскъуыдтæ кодтаид. Ныр Динæйы æргом, фидар дзуаппы фæстæ Батыры «домбай» йæ къæдзил йæ сагæхс- ты бакодта, афтæмæй фæстæмæ йæ хуыккоммæ, сым-сым- гæнгæ, бахылд. Кæд цæфæй нæ мæлыс, уæд дын уый та — рæхуыст. Дзæбæх «цæф» баййæфта Батыры æхсæрфарс. Йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой. «Куыд, цы хуызы мæ ба- зыдта Динæ?» — йæхи фарста. Уыцы ’хсæвы хабар хъуыддаг бакодта, асаст къус, ны- хæстой ма йæ, фæлæ йæ чи асаста, уый йæ кæрæдзийыл æн- дадзын нал бауагъта, рæстæгæй-рæстæгмæ-иу фæныхылдта, æмæ та-иу къус фæдыдагъ. Батыры мад Хæрзæгон каст йæ кæсдæртæм æмæ йæхи- цæн бынат нал ардта. Хатыдта мад: цыдæр фыдбылыз фæ- мидæг се ’хсæн, фæлæ цы, уый кæд зæрдæаивтæй хатгæ код- та, уæддæр ын афтæ хъуыды кæнынæн бындур нæ уыд æмæ дыгъуырццæджы йæ хъиутæ хордта. Бирæ хæттыты-иу æй фæндыд чындзимæ аныхас кæнын, фæлæ тарст, мыййаг мæэ. зæгъгæ, куынæ бамбара. Фæлæ алцæмæн дæр ис райдиан, ис ын кæрон дæр. Хæрзæгоны кæсдæртæн сæ иугæнæг æп- къарæнтæ кæрæдзийæ цыдысты фæйнæрдæм æмæ мад уыд- та, уыцы æнкъарæнтæ сындæггай куыд уазал кодтой æмæ* уыимæ уазал кæнып райдыдтой хæдзары къуымтæ дæр. «Нæ, æз уый не ’руадздзынæн, мæ цард нæ ныппырх кæн- дзыпæн, хъуамæ аныхас кæнон мæ чындзимæ, уæддæр уый сылгоймаг у, кæд мыл баууæндид, кæд мын йæ зæрдæйы ныхас зæгъид...» Æмæ уыцы фидар фæндимæ иубои, фæс-' куыст, фæдзырдта, хъæбулы ад ын чи скодта, æмæ чызджы ад кæмæй банкъардта, йæ уыцы уарзон Динæмæ. Иæ цуры йæ æрбадын кодта. Иудзæвгар Хæрзæгон дзурын нæ фæ- рæзта. Йæхимидæг йæ дзырдтæ тæрæзтыл барæгау кодта, стæй æрæджиау сабыргай, уынæргъæгау, скодта. Иæ чын- дзы къæбæлдзыг сæрыхъуынтыл йæ хъарм фæлмæн къух æруагъта. — Цы кодтай, мæ чызг, дæхи хуызæн куынæуал дæ, цæ- мæн мын смæллæг дæ? Динæ цыма уымæ æнхъæлмæ кастис, уыйау ма — æф- сины фæлмæн рæвдыдимæ йæхи нал баурæдта, йæ хъæбы- ^сы йын йæ сæр нытъыста, æмæ сывæллон йæ мадыл куыд скæуы, афтæ ныккуыдта. — Басабыр у, ма ку, мæ къона, æз дын нæма амард- тæн. — Æфсин сабыр кæны йæ чындзы æмæ йæ арæхстгай 127
фæрсы, — цы кæныс, зæгъ мын дæ зæрдæйы рыст. • Динæ йæ алы дзырд дæр цæссыгæй æхсадта, афтæмæй радзырдта йæ фæстаг мæйты хабæрттæ, йæ «хæрзгæнæджы» фыстæджытæ, стæй æппæт дæр куыд раст фыста, уыдæттæ. Мад бандзыгау. «Уый цытæ хъусын, нæ хæдзарвæндаджы ахæм хабар никуы уыд, уæдæ сæ Батыр, мæ ныфс, мæ хъæ- бул сæ кæмæй фæцис? — Хорз, мæ чызг, дæхи æрæмбар, æз æмæ ды иумæ куы уæм, уæд дын ничи ницы ракæндзæн. Хæрзæгон хорз зыдта Гæджийы, Сафиаты мады, зьтдта Сафиаты дæр. Æвзæр сылыстæг æм нæ каст, æгъдауджын чызгæй зыдта Сафиаты, ныр цы арвы цæф фæцис, чи йын цы зоны? «Нæ, уæддæр хъуамæ Гæджиигмæ аныхас кæнон, кæд йæ чызгæн йæ ных бакъуырид». Алыг кодта Хæрзæгон æмæ дыккаг бон Гæджийы æрцагуырдта. —’Кæрæдзийыл бацинтæ кодтой, уæдæ æндæр куыд вæн- йы, фæлæ иннæ хæттыты уæлдай Гæджимæ цыдæр æнкъард- гомау фæкаст Хæрзæгон. Сæ кæрæдзи куы афæрстытæ код- той, уæд Хæрзæгон фергом. — Гæджи, мæхи хойы бæрц дæ уарзын, æмæ мæ демæ ныхасаг ис, æрмæст мæ зыгъуыммæ ма бамбар. — Алæ, едау мын макуы фæу, кæд дæ абон фыццаг хатт нæ федтон, ахæм мын цы хъуамæ зæгъай, æмæ дæ æз ма бамбарон? — Ахæмæй ницы, фæлæ мæ дзуринаг æгæр уæззау у æмæ йæ ме ’взаг уæлæмæ сисын нæ фæразы. — Уагæры йыл здытæ конд ис, зæгъ æй. — Здытæ, здытæ, мæхи Гæджи, фæлæ цы кæнон, карды бын «уæууытæй» нал вæййы. Хæрзæгоны ацы ныхæстæм Гæджи фенкъард, цыдæр рæстмæйы хъуыддаджы тыххæй кæй не ’рбацыд Хæрзæгон, уый ныр бамбæрста. Фæлæ уæдмæ Хæрзæгон, дардыл зил- гæйæ, хуымы кæронæй хуымы астæумæ æрбахызт: — Дæхæдæг зоныс, Гæджи, мæ царды уавæртæ, æнцон нæу сылонсæрæй хæдзар дарын æмæ афтæмæй ноджы сы- вæллон хъомыл кæнын. Дæхи зæрдæ ме ’вдисæн, нæ мæ хæдзары кад фæкъул кодтон, нæ мæхи сæр бауагътон хын- джылæг кæнын æмæ ныр абон цы фехъуыстон. Бæргæ афтæ куы уыдаид, æмæ сæрысуангæй хъуыддаг куы сырæзтаид, фæлæ иугæр уый нæ рауад, уæд ныр æгæр байрæджы. Дæ- хæдæг зоныс, Гæджи, мæ лæппуйæн ис бинонтæ, æвзæр сыл- гоймаг нæй мæ хæдзары æмæ... Дæ чызджы куы бафæдзæх- сис, се ’хсæн ма тыхсæд. -г- Дæ мады мæрдтыстæн, кæй кой кæныс, Хæрзæгон, æргом мын æй зæгъ. — Хорзау нал у Гæджи, æмбаргæ сыл- 128
гойм^г у, фæлæ Хæрзæгон дуртæ уый’цæхæрадонмæ ц&мæн æппары, мæ чызгсын сæ цардæн цы тых кæны? — Мæ фырт æмæ дæ чызг кæрæдзййыл ’сбæндæн *стй. Æмæ цалынмæ арт не ’сгуылф кодта, уæдмæ йæ иумæйаг тыхтæй куы ахуыссын кæниккам... Дзæбæх мæ бамбар. Тæ- джи, искæй æнамонддзинадыл хи амонд аразæн нæй.— Уыцы бацæуæн ныхæсты фæстæ Хæрзæгон радзырдта, цы зыдта, æппæт уыдæттæ. — Мæхи хъæбулы цæстæй кастæн Батырмæ, агъæцæд, мæхионы уал бафæрсон, — фидар дзырд за’гъта Гæджи æмæ ууыл ахицæнсты. Изæрæй чысыл æрæгмæ æрбацыд Сафиат, цыдæр æн- къард уыд æмæ йæм мады цæст сдзурын нæ уарзта. Сафиат фæхатыд мады зæрдæ, йæхи фæхъæлдзæг код- та æмæ та, иннæ хæттытау, сдзырдта: — Гæджи, мæхи дзæбæх Гæджи, æхсæвæр нæм иицы разынд? — Ис, ис, мæ чызг, дæхи арæвдз кæн æмæ фынгмæ рацу. Мад æндæр цыдæртыл йæхи ирхæфста, иугæр чызг æх- сæвæр бахордта, уый куы базыдта, уæд йæ фарсмæ æрбадт. — Мæ чызг, демæ мын дзуринаг ис. — Ахсджиаг дзуринаг у? — Ахсджиаг... Сафиат йæхи тыххъæлдзæг кодта, фæлæ мады хъæлæ- сыуагæй банкъардта, цы зæгъинаг ын у, уый. — Уадз æй, æндæр хатт мын æй зæгъ. — Сафиат баха- тыд йæ мадмæ. — Нæ, нæй нын аргъæьæн. Сафиат адæргæй йæхи цы фæкæна, уымæн ницыуал зыд- та. — Æз мад дæн æмæ ды та мæ чызг дæ, сылгоймаг дæ æмæ мын уымæ гæсгæ дæ дуне, дæ уды сконд нæу æцæгæ- лон, кæсæнмæ кæсæгау дæ уынын. Фæлæ уый æнхъæл ни- куы уыдтæн æмæ... — Гæджи «æмæ»-йы фæстæ ферхæцыд, фæлæ йæ хъуы- дытæ бамбырд кодта æмæ кæронмæ йæ дзуринаг раламæр- ста.-—Батыр уыд де скъолайон æмбал, хорз лæппу уыд, хæд-зонд. Сывæллонæй ’фæстæмæ цыд мæ зæрдæмæ, гъе- ныр дæр мын æнад нæу, фæлæ уый афтæ нæ нысан кæны, æмæ иугæр кæйдæр уарзын, чидæр мæ зæрдæмæ цæуы, æмæ, гæнæн уа æви нæ, уæддæр ме сиахс бауа. Батырæн ис бинонтæ, уый æз зыдтон æмæ йæ зонын. Уый тыххæй йыл нæ цин кодтон, æмæ мын мæ хæдзар йæ сæрыл хъен слæууын кæна. Нæ, алцæмæндæр æгъдау æмæ фæтк ис... Мады ацы æргом, араугæ дзырдтæм хъусын нал бацис 9. Харебаты Л. 129
Сафиаты бон, йæ цæстытæ доны разылдысты, фестад æмæ йæ хуыссæнмæ лидзæгау акодта, уым, хуыссæнтыл, дæл- гоммæ ныххауд æмæ ныккуыдта. Мад йæ фæдыл бацыд, сынтæджы уæлхъус æрлæууыд æмæ сындæг æргуыбыр кодта, йæ цæссыджы йæхи чи ’хсад- та, йæ уыцы чызгмæ. — Ма ку, кæд уе ’хсæн ницы æрцыд, уæд алцыдæр рæс- тæг йæхæдæг байгас кæндзæнис. Цыфæнды змæст доны дæр ныррæсуг кæны рæстæг. — Нал, нал, — чысыл сывæллонау, Сафиат атыхст йæ мадыл æмæ, — дон æгæр сызмæст, æз чызг нал дæн. Ницыуал сфæрæзта мад йæ чызджы ныхæстæм хъусгæ- йæ, бандзыг. — Уарзын æй. — Уарзын цъус у, уый дæр дæ уарзы? — мады нал фæн- дыд ацы хъуыддагыл дзурын, фæлæ хъуамæ базона, иу- гæр дзырд æрхауд æмæ алцы фергом, уæд хъуамæ алцы- дæр базона. — Нæ зонын... — Æмæ уый кæд нæ зыдтай, уæд ын дæ чызгон уд цæ- мæн снывонд кодтай, дæ фидæныл цæуылнæ ахъуыды код- тай? — Мауал мæ фæрс, мæнæн Батыр уыд мæ фидæн, мæ хурыскаст, мæ сомбоны ныфс, цы кæнон... — Æнæмбаргæ нæ дæ, мæ чызг, искæй бинонты цард фе- халын дын ничи ныббардзæн, адæмы фарн стыр у, адæмы фарны фыдæх чи райсы, уый дзы басудзы, Сафиаты зæрдæ хæлбурцъ кодта æмæ йæ бынтондæр не ’ндæвта мады философи. — Хорз, Гæджи, хорз, бацархайдзынæн, æрмæст мæ аф- тæ ныууадз æмæ мæ хъысмæтыл фæкæуон. Мад ницыуал сдзырдта, рацыд... Хатæн уыд сабыр, æрмæст ын йæ сабырдзинад хæлдта Сафиаты хæкъуырцц. Гæджийы зæрдæ йæ хъæбулы мæстæй йæхицæн бынат нал уардта.. «Бабын кодта йæ фидæн. Цавæр тыхджын уар- зондзинад хаста йæ зæрдæйы. Æз йæ мад куы дæн, искуы йæ мæнæн цæуылнæ раргом кодта». Ахæм сагъæстимæ мад йæхи æруагъта йæ сынтæгыл. Æндæр, сæртæг мад, æд хуыр- сæнтæ йæ чызгыл бензин бакалдтаид æмæ йæ басыгъта- ид. Фæлæ Гæджи йæхиуыл фæхæцыд. Мад у, сылгоймаг, æвзонджы бонты йæ цард йæхи скъолайыл ракодта, æмæ ныр царды уыцы скъолайы уроктæ лæууынц йæ зæрдыл... Нæ; Гæджи æндæр скъола фæцис, уымæн йæ рæстæг кара æмæ дæрзæг уыд, ’сылгоймаджы уды сконд бамбарынмæ 130
адæймаджы зонд нæма тасыд, нæ йын ахуыр кодта йæ уды уыцы вазыгджын, гакъон-макъон лабиринттæ. Æниу ныр дæр алцы йæ нывыл нæма у, фæлæ Гæджи мад у, сылгой- маг, хъуамæ бамбара, уарзондзинады тых лæджы куыд куырм кæны, æппæт уыдæттæ. Нæ уыд Батырæй уый æн- хъæл: «Уый уæддæр нæлгоймаг у, хъуамæ йæхиуыл фæхæ- цыдаид æмæ мын мæ чызгæн йæ фидæны амонд ма фе- хæлдтаид». «Нæ, мæхæдæг дæр рæдийын сæ разы, æгæр сыл баууæндыдтæн, мæ чызджы ахастытæ æгæр æргом уыдысты, фæлæ цы ’нхъæл уыдтæн, чызг зыдта, лæппуйæн ис бинрнтæ... Уый тыххæй сын нæ тарстæн. Ныр ма цы?>> — зæрдæдзурæнты фæци Гæджи, фæлæ цы сараза, чызг ын ницы бамбæхста: «Мæхи февæрдтон Батырмæ», загъта йын æргомæй. Рæстæг у хосгæнæг. Сафиат мадæн дзырд радта. Баты- рыл нал æмбæлдзынæн, зæгъгæ, фæлæ зæрдæ уæддæр йæ- хион кодта... Æмæ... Динæ дæр нæ бафæрæзта ахæм æфхæрд. Батыримæ фæ- дзурыныл æмæ йæ Батыр цæфтæ дæр ракодта. Бæргæ ма йæхи куы ’рæмбæрста, уæд йæхи мæстæй хордта: «мæ цонг куы ахаудтаид, мæ цонг куы бахус уыдаид», фæлæ Батыр æгæр æрæгмæ «æрчъицыдта», æмæ куы «æрчъицыдта», уæд Динæ хæдзары нал уыд, ныууагъта йæ æмæ хохмæ, сæхи- мæ дæр нæ, уый йæ сæрмæ не схаста, фæцыд æмæхсæвæ- джы... ...Фæстæдæр рабæрæг/ Динæ æхсæвы йæ дард хæстæ- джытæм сбон кодта æмæ йæ райсом Цæгат Ирмæ ацыд. Уым æрбынат кодта, уым бацыд куыстмæ. Динæ йæхи æрæгмæ æрæмбæрста, стæй ма фæсмон код- та, фæлæ йæхи нал басаста, кæд æдзух йæ горæттаг лæп- пу, йæ уарзон Батыры алфæмблай йæ хъуыдытæ зилдух кодтой, уæддæр. Йæ цæстытæй нæ цыд уыцы æхсæвы ныв, Батыр æй куы рацæфтæ кодта, уæд, стæй Батыр бандоныл куыд æрхауд æмæ йæ цонджы фыдтæм дæндагæй куыд лæ- бурдта. Динæ уый федта, Динæ базыдта: Батыр йæ рæды- дыл йæхи хæры, йæ рæдыд базыдта... Æмæ рæстæг куыд цыд, афтæ ноджы арфдæр æмæ уæзбындæрæй хатдзæгтæ кодта йæхицæн. Ахуырмæ æвзыгъд уыд Динæ. Нæ фесæфта йæ рæстæг дзæгъæлы, Дзæуджыхъæуы мединститутмæ бацыд, фæцис æй æмæ ныр мæнæ цалдæр азы горæт Цхинвалы,-кусы хи- рургæй. Фæстæмæ йæ йæ къах æрхаста, кæцæй, фæлыгъд, уыцы горæтмæ. Кæд Батырмæ буарæй нал баиу, уæддæр, зæрдæйæ ие7 мæ уыд, йæ хъуыдытæй йæ нæ хицæн кодта. ’ Фёхъуыста: Д31
[Батырæн ;æппæт .ацы <митæ ^Оафиат зонгæ-зонын ^кæй ба- кодта. "йугæр Динæ куы ^ацыд, уæд цасдæр ^рæстæджы фæстæ ;Сафиат «æнæнхъæлæджы»фембæлд ^Батырыл, сæхимæ йæ -акодта.æмæ нырмæйы хуызæн нæ/фæлæ ныр чызгыл хур- тæ ракастис, ’бауырныдта йæ: «Ъатыр мæн у, уæгъд æй нал суадздзынæн». Чизоны, афтæ дæр уыдаид, фæлæ чызг йæ сыгъдæг зæрдæйæ æппæт ^куы раргом кодта, уæд 1ма сæм ’бафтыдта, <нухатт æм кæйдæр ~кæй ’барвыста, мæ уарзоны, дам, ’мын цæмæн исыс, зæгъгæ, æмæ-Батырмæ лæбурынтæ -систа... ^Уыйта уый тыххæй афтæ бакодта, ууыл дæр ын ба- ъаст, цæмæй Батыр ноджы фылдæр æмæ арфдæрахъуыды •Кодтаид Сафиатыл — æмæ уый афтæ дæр рауад... Сафиат нæ бамбæхста, Динæмæ цы æнæном фыстæджытæ æрвыста, -уыдон дæр,жæд Динæйы зæрдæ фæхауид æмæ Батыр уы- -мæн баззаид. Сафиатмæ хъусгæйæ, Батыр бандзыг, стæй сыстад. — Æндæр-ма*исты зæгъинаг дæ? — Дæн. — Зæгъæй. — Ды ныр дæ ’мæн, — æмæ уыцы ныхасмæ фестад, Ба- тырыл йæхи’баппæрста, хъуамæ ’йыл атыхстаид, фæлæБа- тыр тызмæгæй’Сафиатыл æддæмæ^ахæцыд. — Дæхи ’мын мауал уынын кæн. Ды, ды дæлимон дæ, æз дæ адæймаг æнхъæлдтон, — загъта æмæ фæцæуæг. Са- фиат йæ фæдыл кæсгæйæ баззад. «Уый цы бакодтон?» Сæры’ •магъз ныццавта ацы æвирхъау, æнæнхъæлæджы хабар. ...Рæстæг хосгæнæг у. Батыр дæр фæцыд Цхинвалæй, "фæлæ кæм уыд, цыторæты, уый ничи зыдта йæ зæронд мад 'Хæрзæгонæй дарддæр... >Ныр æртæ боны ис ’Цхинвалы, æр- тæ боны дæргъы йæ фынгæй уæлæмæ сыстын дæр нæ ба- уагътой æмæ йын фадаткуы фæцис, уæд нозтджынæй ра- фæнд кодта, кæмдæриддæр уа хъуамæ Динæйы фена æмæ йæ «федта...» Ныр мæнæ сынтæгыл хуыссы, мæлæтимæ тохы ныф- ’фæллад. Æртыккаг бон Ъатыр йæхи дзæбæх æрæмбæрста, -цæстытæй мигъы фæлм, уалдзыгон бонау, стын байдыдта, куы ныррæсуг сты, уæд сæ сындæггай скаст æмæ сыл нæ баууæндыд: афтæ йæм фæзынд, цыма Динæ ’фыны ис йæ уæлхъус, æмæ сæ ’фæстæмæ æрæхгæдта. «Мæ дзæбæх фы- нæй ма фæиппæрд уон». Фæлæ уый фын нæ уыд. Динæ йæм ницы дзуры. ’Динæ зоны, Ъатырæн тас нал у, »фæлæ ныр тох ,кæны йæ низимæ нæ, фæлæ, йæхи куыдæмæ цы хуызы "сраст кæна, уыцы сагъæстимæ. — Динæ, мæхи Динæ, уый ды дæ? — Батыр йæ цæсты- 132
тæ нæ бакодта, афтæмæй, лæпьстæгæнæгау^ фæрсы. Динæ дзургæ ницы скодта, æр>хауд,.Батыры,риуыл йæ сæр æрæп- пæрста æмæ йæ кæуындзæг нал буарæдта. — Æз дæн, æз, Динæ дæн... Батыр сындæггай йæ цæстытæ бакодта- æмæ дзæвгар> рæстæджы дзурын нал сфæрæзта, стæй* æрæджийау, хъæр- зæгау, суынæргъыдта. , — Дохтыр, мæ цонг мын ралыг кæн, мæ цонг... Раст уыцы рæстæджы рынчындонмæ æрбацыд Хæрзæ* гон, къæсæргæрон, уыцы нывмæ кæсгæйæ, джихæй баззад. — Мæ хъæбултæ, мæ зæрдæйы уидæгтæ... — сдзырдта æмæ фыццаг Динæйыл, стæй та йæ фыртыл атыхст. — Мæ хъæбултæ, мæ зæрдæйы уидæгтæ, гайтма уæ æмбырдæй иу- мæ уынын. — Ноджы та сфæлхат кодта цингæнæг мады зæрдæ йæ фыццаг дзырдтæ. КÆРОНБÆТТÆН: Динæ ахуыр куы кодта, уæд ын æппынæдзух чидæр æхца æрвыстаг_ фæлæ уыцы аудæг йæхи никуы схъæр код- та æмæ иугæр йæхи нæ хъæр кодта, уæд Динæ дæр æхца- тæ нæ хардз кодта, уæд та чи у, райсом мæ мацы фыдбы- лызы хызы стуха, зæгъгæ, уый тæсæй. Ныр Батырыл но- гæй куы фембæлд, уæд сæ Динæ рынчындонмæ æрбахаста æмæ йын сæ тымбылæй равдыста. Уый фенгæйæ, Батыр нынкъард. — Ды ма уай ацы «фыдгæнæг», — Динæ Батыры цæс- тытæм кæсы æмæ хъазы. Батыр ныфсæрм. — Цæуылнæ сæ бахардз кодтай, æз дын сæ æвæрынмæ æрвыстон? — Уый дæ куы фæндыдаид, уæд мын дæхи схъæр код- таис. — Тæрстæн, зæгъын, мын сæ фæстæмæ куы рарвитай. — Уæд кæдæм? — Мæхимæ. — Æмæ искуы дæ адрес ныффыстай, кæдæм дын сæ хъуамæ арвыстаин? Дæхицæн дзы исты балхæн, мæ номыл æй адджынæн фæдар. — Уый фаг дæр сты, фæлæ ацы æхцатæй хъуамæ чын- дзæхсæв скæнон. 133
: Батыр ницы сдзырдта. Иæ зæрдæ фæкъæпп кодта, ома цынæ вæййы, стæй æнкъардæй бафарста. — Кæмæн? — Нæ дыууæйæн. — Уыцы ныхас фехъусгæйæ, Батыр Динæйы сæр йæ риумæ нылхъывта, стæй йын æдыхæй фæл- мæн пъа акодта. Динæ æдзынæг нымдзаст Батыры цæсты- тæм, бæрæг уыд, цыдæр зæгъын æй фæнды. — Дохтыр, мæ цонг мын ралыг кæн, мæ цонг. — Ноджы та къæмдзæстыгæй сфæлхатт кодта Батыр.
НАМЫС (Адæмон легендæйы бындурыл) 1 Адджын бинонтыл куыд æмбæлы, афтæ цæрынц æры- гон Есым æмæ Ирине дæр. Бинонты цард вазыгджын у, вæййы сæм цин дæр æмæ маст дæр, фæлæ Есым æмæ Ири- нейæ хъæлæба ничи фехъусы. " Бон изæрмæ улæфт нæ зыдтой сæ куыстуарзаг цæнгтæ; Фæлæ сын æххуырсты мызд цы фаг кодтаид. Ирине-иу хъуыды кодта, зæгъгæ, Есым нæ мæгуырдзинадыл маст кæны. Фæлæ цæуыл хъуыды кæны, цы йын æууилы йæ зæрдæ, калмау, уый никуы раргом кодта, йæ удыйас кæй уарзы, уымæн — Иринейæн. Есым цы хъæуы райгуырд, уый стыр хъæу нæ уыд, фæ- лæ фæсивæдæй æххæст уыдис. Кæд фæсивæд, сæ ныййар- джытау, мæгуырæй æрвыстой сæ бонтæ, уæддæр сын æр- вылизæр дæр æнæ хъазгæ, æнæ фæкафгæ нæ уыд. Мæйрухсмæ, чъырæй цагъды хуызæнæй, æрттывта бæс- тæ сæрдыгон изæры. Рог дымгæ фæйнæрдæм хаста фæнды- ры зæлтæ æмæ рогдзинад лæвæрдта адæймаджы зæрдæ- йæн. Хъазтмæ æрцыд ас адæймæгтæй дæр чидæртæ. Фæ- сивæд, ерысы бацæуæгау, кодтой æз хуыздæр ракафыныл. Есым дæр-иу Иринеимæ рацыд хъазтмæ. Ныр дæр та фæндыры хъæр куы азæлыд сабыр уæлдæфы, уæд Ирине, йæхи арæвдз кодта æмæ æнхъæлмæ каст, Есым ын «цом ацæуæм» кæд зæгъдзæнис, уымæ. Фæлæ Есым хъазтмæ йæ хъус нæ дардта. — Уат мын куы ’ркæнис,— загъта Есым Иринейæн,— фæллад дæн. 135
Ацы изæр дæр та æнкъард уыдис Есым, фæлæ йæ нæ \ фæндыд йæ раргом кæнын. — Кæд дæ исты риссы? — бафарста йæ Ирине æмæ йын йе ’гъдау куыд зыдта, уымæ гæсгæ йын йæ фæндоныл дыу- уæ нæ загъта. — Нæ, ницы мæ риссы, æрмæст мæ зæрдæ цæмæндæр æнкъард кæны... Стæм хатт-иу æрбайхъуыст кæйдæр «æрс- тох!». «Кафут, кафут, мæ хуртæ, иу хатт уыцы дуг æз дæр аф- тæ хъæлдзæгæй æрвыстон», — ахъуыды кодта Есым æмæ йæхи æруагъта сынтæгыл. Фынафон сси, фæлæ фæсивæд уæддæр сæ кафын, сæ хъазын нæ уагътой. Æвиппайды фæцыдис топпы хъæр æмæ хъазты адæм схæццæ сты. Алчи дæр йæ хъус адардта, топпы хъæр кæцæй фæцыд, уырдæм. Бирæ сæ нæ бахъуыд æнхъæлмæ кæсын. Есымы хæдзарæй райхъуыст сылгойма- джы зæрдæхалæн цъæхахст... Уыцы цъæхахсты фæстæ та райхъуыст Есымы хъæр: «фесæфтæн!» Адæм фæфæдис сты, фæлæ сæ бон нæ уыдис, цы ’рцыд, уый базонын. Æрмæст сæ разы хаудæй федтой Иринейы, йæ риуæй туг калдис, афтæмæй. «Чи уыд йæ марæг? Цæмæн æй мары? Кæй бахъыг- дардта?» — адæмæй алкæй сæры дæр гуырд ахæм фарст. Йæ бон никæмæн бацис ацы фарстæн дзуапп ссарын, фæ- лæ уалынмæ Ирине удисгæйæ сдзырдта: — Есым мæ амардта! Есым амардта Дзабойы дæр... Адæм дис кодтой: «Цæмæн афтæ загътаид Ирине?» Цыма Иринейы дзыхæй ницы фехъуыстой, уыйау фенæу>- уæнк сты. Есым уæлæфтау æрбакодта æмæ цавддурау, æнæдзур- гæйæ лæууыд Иринейы уæлхъус, йæ цæссыгтæ æрызгъæл- дысты æмæ уынгæг хъæлæсæй сдзырдта: — Цæвут мæ, амарут мæ, æз дæн йæ марæг!.. Уайтагъд Есымыл сæхи ныццавтой Иринейы æфсымæр- тæ æмæ йæ аныр скъуыхтæ кæной, афтæ се ’хсæн балæу.- уыд Дзабойы фыд — зæронд Габрел æмæ сæ басабыр код-, та. — Фæгæдзæ кæнут чысыл! Лæджы амарын иу уысммæ у, йæ сусæгдзинад базонын та даргъ хъуыддаг у. Базонæм хабар, уæ рын бахæрон, цæмæн амардта Есым Иринейы, цы сыл æрцыд?.. 136.
II. Есымы ныр æртыккаг бон æртыккаг хатт фæрсынц хъæ- уы зæрæдтæ, фæлæ йæ дзыхæй иу дзырд дæр нæ хауы. Лæууы æнцад, кæд онгбаст нæу, уæддæр. Алидза æмæ йæ- хи бавæра, ногæй ма цард аразыны фæнд скæнз, уыцы хъуыды йæм æппындæр нæй. Цæттæ у йæхи марынмæ. Уый йын. бирæ æнцондæр уаид йæ митæ радзурынæй; фæ- лæ йæ кæм уагътой зæрæдтæ: — Уæдæ дын цы ракодта Дзабо, цæмæн æй амардтай, æмæ йæ кæд ды нæ амардтай, уæд, цæмæн афтæ загъта Ирине? Кæнæ дын цы ракодта Ирине, иумæ адджынæй куы цардыстут? Есымæн-иу йæ зæрдæ суынгæг, йæхимидæг-иу, бæла- сау, нынкъуыст, фæлæ хисдæрты фарстытæн йæ боннæ уы- дис дзуапп радтын... Æртыккаг бонмæ йыл мæрдон хуыз бафтыд, йæ домбай уæпгтæ, уалдзыгон митау, атадысты. Мардæрцыдæй фæс- тæмæ йæхи хор-доны хъæстæ нал фæкодта. — Кæд мыййаг амарынæй тæрсы, раст уд уæвгæйæ, æмæ уымæн афтæ кæны? — сусу-бусу кодтой адæм. Стæмхатт- иу Есымæн йæхи хъустыл дæр ауадысты ацы дзырдтæ, фæ- лæ уый ницыуал æмбæрста. Æппынфæстаг загъта Габрел: — Ауадзут æй. Чизоны уый нæу марæг? Нæ къухы куы схъомыл, йæ цæрæнбонты мæлдзыгыл дæр куыникуы ныл- лæууыд, уæд куыд амардтаид Иринейы? Кæнæ Дзабойы? Хорз адæм, уый æбуалгъ хъуыддаг у, æз мæ иунæджы, Дзабойы мард Есымы аххос нæ фæкæндзынæн, мæхи цæс- тæй йæ куы федтаин, уæддæр мæ нæ бауырныдтаид!.. Есым æдзынæг фехъуыста Габрелæн йæ алы дзырдмæ дæр. Арф аныгъуылд хъуыдыты, йæхймидæг бампылд. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, йæ удыйас кæй уарзта, уыцы Ирине. — Нæ, æз лæгмар дæн, Ирине раст загъта!.. — йæ дзырдтæ йæ хъуыры бадгæйæ, сдзырдта Есым. Уый куы фехъуыста Габрелы фæндон, зæгъгæ, йæ ауа- дзæм, уæд æм хуыздæр фæкаст мæлæт, йæ ронæй кард фелвæста æмæ загъта: — Мæ удыгас мæн ницæмæн уал хъæуы!, — æмæ аныр» кард йæ зæрдæйы ныццæва, афтæ йæ ацахстой. Уый йæхи зæххыл ныццавта æмæ сывæллонау ныккуыдта: — Ех, нана, куы нæ дын райгуырдаин æмæ куы нæ бав- зæрстаин ацы хъизæмар!. Дуры бон дæр нæ бауыдаид уымæ дзæвгар фæкæсын. Нырмæ — разагъды фæдисон, ныр лæгмары ном райста. 137
. — Радзур нын дæ масты сæр. Цæуыл хъизæмар кæныс, мах дæр базонæм ацы æнамонд хабары аххосаг, — загъ- той адæм. Есым йæ сæрыл схæцыд æмæ комкоммæ каст Габрелы цæстытæм, цыма афтæ дзырдта: «мацыуал мын зæгъын кæн, дыккаг хъизæмар мын мауал бавзарын кæн, сис кард æмæ мын цæв мæ риу! Æз дæн дæ иунæг фырт Дзабойы марæг, æз дæн Иринейы марæг!». Фæлæ йын æндæр гæнæн нал уыд, æмæ Есым райдыдта дзурын: — Чысылæй фæстæмæ æз æмæ Дзабо иумæ схъомыл -стæм, бирæ уарзтам кæрæдзи. Иухатт мын, хъазты фæстæ, хæдзæрттæм цæугæйæ, мæ цонгыл фæхæцыд Дзабо æмæ хъæугæрон æрбадтыстæм, мæйрухсмæ. Æз сфæнд кодтон мæ зæрдæйы тæрхæттæ Дза- •бойæн фæкæнын æмæ аныр сдзурон, афтæ бакастæн Дза- бойы цæстытæм: уый дæр уыд сдзурыны ’ввонг. Мæхины- мæры загътон, уадз зæгъа уал Дзабо. — Цы хорз уаид, ахæм мæйрухсы, æгæрон уарзт кæй кæ- ныс, уый дæ фарсмæ куы уаид æмæ дын йæ цæстытæй куы ’мбарын кæнид йæ уарзондзинад, — загъта Дзабо æмæ цы- ма йæ зæрдæ искуыдæм ’атахтис, уыйау æдзынæг кæсгæйæ ’баззад. Кæуыл ма баууæндыдаид Дзабо йæ сусæг ныхас мæнæй хуыздæр, кæмæн загътаин æз дæр мæ сусæг ныхас Дзабо- йæ хуыздæр. Мæхимидæг ахъуыды кодтон æмæ Дзабойы ныхæстæм Ирине мæ цæстыты раз февзæрд. — Зоныс, Есым, — загъта та Дзабо, — сатæгсау æрф- „гуытæ, сау цæстыты хаутæ, æхсаргардау, æлвæст уæнгтæ, сæуæхсидау сырх-сырхид къаба йæ уæлæ цы зæд дары, уый, æвæццæгæн, мæ фыдбылызæн райгуырд, йæ судзгæ уарзт ын, æвæццæгæн, ме ’намондæн нæ уромын... Дзабо ма цыдæртæ дзырдта, мæ хъустыл ма цыдысты йæ ныхæстæ, фæлæ сæ нал хъуыды кæнын... Æрмæст бам- бæрстон, Дзабо Иринейы кой кæны!.. Мæ зæрдæ ссыгъдис, *мæ хъару асаст, мæ хъуыдытæ ныдздзæгъæлтæ сты, æз æх- сæвæй-бонæй кæй уарзтæй судзын, Дзабо дæр уый куы уарзы, уæд куыд бакæнон? «Чизоны, æндæр искæй кой кæны?»—мæ зæрдæйæн ныфс радтон исдугмæ, фæлæ уæдмæ мæ хъустыл ауадысты Дзабойы ныхæстæ: «Ирине!.. Куыд зынаргъ’у’’мæ ’зæрдæ-' йæн йæ кой дæр! Нæ зонын, уарзы мæ æви нæ, æрмæст мæн куы фены, уæд фæсырх вæййы, цыма цæхæр артмæ нык- ’кæсы, уыйау». Дзабойы ныхæстæй бæрæг уыд, Ирине дæр æй уарзы... .Мæ уæнгты мын цыма исчи ихдон ауагъта, афтæ фæдæн. 138
Мæ зæрдæйы æвиппайды цахæмдæр хъызт бон фæмидæг... Уæвджыйæ, куыд зын у, дæ адджын уарзоны дын дæ ад- джын æмбал куы уарза, уæд! Дзабо мæм æрбакаст: — Ныр та мын ды радзур, Есым, дæ сагъæстæ, æфсæр- мы ма кæн, у æргом æмæ раст. — Нæ, мæнмæ ницы ахæм дзуринаг ис. Æхсызгон мын у, мæ хæлар, ахæм равзарын дæ бон кæй бацис. Нæ чыз- джыты хуыздæр у, — загътон æз. Нæ зонын, кæдмæ фæбадтыстæм, стæй кæрæдзийæн хæрзæхсæвтæ загътам æмæ нæ хæдзæрттæм ацыдыстæм. Æз уарзтон Иринейы, мæнæ «хъалтæ» уарзондзинадæй куыд хъазынц, афтæ нæ, фæлæ сыгъдæг уарзтæй. Ныр мæ бирæ фæндтæ, митын мæсгуытау, атадысты, ныр мæ ба- хъуыдис, æгъуыссæг кæй тыххæй кодтон æгас æхсæвты, уыцы Иринейы ферох кæнын. Мæ адджын æмбалы тых- хæй фæраз, зæрдæ, нæй гæнæн!.. Æгас æхсæв æз фыны уыдтæн Дзабоимæ. Мах, цыма бадтыстæм мæйрухсмæ. Арвыл нæ сæрмæ фæзынд æртти- ваг стъалы, стæй ныллæг æрцыд, хæрзныллæг æмæ бæлон фестад. Мах æм кæсæм хæрдмæ, бæлон нæ цурмæ æрхæс- тæг æмæ загъта: «Уæ дыууæйæ мæ фылдæр чи уарзы, уый уыдзынæн». ,. Æз ын йæ цæстытæм бакастæн. Цымæ ма мæнæй фыл- дæр чи уарздзæнис уыцы дыууæ сау цæсты? Мæхимидæг бахудтæн æмæ йæм бадзырдтон: «Ирине!..» æмæ фехъал дæн, цыдæр фæцис Ирине, мæ разы ничи уыд. Мæ цæстытæ цармæ ныццавтон, афтæмæй джихæй кастæн. Бонмæ бирæ нал уыдис, фæлæ мæнмæ афтæ фæзынд, цыма никуыуал сбон уыдзæнис. Æниу мын цы баххуыс кодтаид боны рухс дæр?.. Бонтæ цыдысты æмæ кæд Дзабомæ мæ ахаст нæ фен- дæр кодтон, уæддæр мæ зæрдæ йæ кæнон бакодта. Дзабо- йы æмгардзинад мæ риуы æртхутæг фестад æмæ йæ дымгæ фæхаста. Иæ бынаты сæвзæрдысты цахæмдæр фыдбылызы хъуыдытæ. Фæлæ мæхицæн бар нæ лæвæрдтон—Дзабойы сæрты нæ хызтæн. Ирине та мæ зæрдæйæн ноджы адджы- нæй-адджындæр кодта. Афтæ мæ бонтæ æрвыстон. Дзабо мын кæддæриддæр дзырдта- йæ зæрдæйы фæндтæ. Цæмæй зыдта Дзабо, æз дæр кæй уарзтон Иринейы æмæ æдзух кæй хъуыды кодтон ууыл. Мæхимидæг аскъуыддзаг код- тон: цы фæнды уа, уæддæр кæй уарзтæй судзын, уыйхъуа- мæ уа мæн. «Мæн!» — загътон æмæ ме уæнгтæ ныррыз- тысты: куыд, цы амалæй уыдзæнис Ирине мæн? Иухатт, хур ма чысыл уыдис, афтæ фембæлдтæн Ири- 139
нейыл! Йæ фендæй цыма^ цины цады ныххаудтæн, афтæ фæдæн. Ирине хорз зыдта, æз. æмæ^ Дзабо кæрæдзийæн тынг адджын кæй стæм, уый. Æмæ мæм Ирине уыйадыл уыдис уæндондæр. Йæ мидбылты бахудтис; æмæ> мын-салам радта. Мæнæн’ йæ мидбылты бахудт æмæ йæ уæздан лзы- хы дзырд мæ цæстыты цæхæртæ ссудзын кодтой. Салам ьтн радтон æз дæр. Æмæ нæ фыццаг ныхас райдыдта Дзабо- йæ. Дзабойы коймæ йæ уадултæ асырх сты. Мæнæн æм мæ цæсгом бакæсын нал бахъæцыд. Дзабойы кой йын уый. тыххæй- æркодтон, цæмæй* кæд æфсæрмы кодта, уæддæр мын чысыл æргомæй исты. зæгъæн уыдаид. Фæлæ мæ бон ницы бацис, мæ фæндтæй ницы раргом кодтон. Ирине та мын уæд бамбарын кодта, Дзабойы тыххæй мæм уæлдай хуыздæр зæрдæ кæй дары, уый. Мæхимæ смæсты дæн: цæмæн мæм дары Ирине Дзабо- йы тыххæй дзæбæх зæрдæ, мæхимæ нæ разындаид уый- бæрц хъару, уыйбæрц лæгдзинал, Иринейæн мæхи цæмæй • бауарзын кодтаин? Æз Иринейæн дзырдтон мæ уарзондзи- над, фæлæ йæ уый. æмбæрста Дзабойы ’рдæм. Дзабойы адджын æмбал кæйуыдтæн, уымæ гæсгæ. Хъæумæ куыд æрхæццæ стæм æмæ куыд ахицæн стæм* уый зонгæ дæр нæ бакодтоп. Ирине мæнæй ахицæн æмæ ацыд, йемæ ацыд мæ зæрдæ дæр. Уæдæй фæстæмæ ноджы фесæфтис мæ удæнцой, нал мын кодта мæ хæдзар ад, нал мæ фæндыд^ нæхимæ бацæ- уын. Мæ бон нал уыдис цæрын æнæ Ирине. Иринеяæ та- пайда’нæ уыдис... Æппынфæстаг мæм февзæрд. бæллæхы. фæнд: амарон Дзабойы æмæ Ирине бауа мæн! Ацы хъуыдыйæ мæ уæнгтæ адæргæй барызтысты. Мæ сурхид акалд æмæ мæхимæ райдыдтон хыл кæнын:' — «Куыд загътон мæ уарзон æмгарæй? Чысылæй фæс- тæмæ иумæ кæимæ схъомыл дæн, мæ цин, мæ хъыгыл мын мæхийау чи тыхстис, уыцы æнæаххос адæймаджы куыд хъуамæ амарон?» Мæ сæры хъуын барц сбадт. «Нæ, фæл- тау мæхи амардзынæн, уæддæр Дзабомæ мæ къух нæ сис- дзынæн!..» Фелвæстон мæ фарсылдарæн кард. Гъеныр дзы мæ зæр- дæсæр ныццæвон, афтæ мæ сæры фæмидæг æндæр хъуыды: уæдта фæлидзон искуыдæм, ныууадзон мæ зæронд фыд, ныууадзон æппæт мæ хорз адæмты æмæ фесафон мæ сæр. Мæхи бахизон фыдбылызæй. Гъе, цы хорз фæнд скодтон уæд! Фæлæ мæ мæ къах ничердæм ахаста. Иринейы уар- зондзинад мæ ныббаста фидар рæхыстæй^æмæ мæ бон нæ бай,ис сæ атонын. Фехъуыстон Дзабойы дзыхæй, зæгъгæ, минæвæрттæ бар- 140
выста Иринейьгныййарджытæм. Дзабо^мæм æрбауад, ^æнæ ’дæу, ,дам, -хъуыддаг нæ сараздзынæн, ’фæзын, дам, Мм&м æмæ ацыд. Цавддурау фæдæн, фæлæ-йын уæддæр «зæр&и- аг» арфæ ракодтон йæ ’хъуыддагæн. ^Хæдзармæ нал баз- дæхтæн, ;мæ хъуыдыты мидæг дзæгъæлтæгæнгæ, доны был- мæ æрцыдтæн. Хæххон ^улæнтæ ’сæхи -цавтой айнæг къ^æ- дзæхтыл. Мæ зæрдæ та йæхи хоста мæ риувæйнæгыл. '>Цымæ сæ чи уыдис знæтдæр — мæ зæрдæ, ’æви хæххон дон? Ноджы мын тынгдæр сагайдта мæ зæрдæ Иринейы уар- зондзинад, алы хатт дæр-иу æрцыдтæн ахæм хъуыдымæ, зæгъгæ, .Ирнне хъуамæ бауа мæн, æмæ аскъуыддзаг код- тон: цыфæнды фот, уæддæр хъуамæ амарон Дзабойы. Нæй мын æндæр тæнæн! Науæд абон минæвæрттæ ’барвыста, райсом нысан ратдзæн, иннæбон чындзæхсæв, æмæ Ирине Дзабойы къай бауыдзæн. Иу райсом раджы мæм æр’бауад Дзабо. Æз м’а фынæй уыятæн. Дзабо мæм уатмæ бацыд, йæ куыстнад уырзтæй мын мæ сæры хил азмæста æмæ мын зæрдиагæй мæ уар- зон зарæг бакодта. Мæ цæстытæй скастæн, мæ уæлхъус лæууыдис Дзабо, йæ цæстытæ доны разылдта. Иу дзæвгар мæм фæкаст, стæй^мын загъта: — Есым, абон мæм хъуамæ фæкæсай, цалынмæ адæм не сызмæлыдысты, уæдмæ ацæуæм суг кæнынмæ. — Амондджын уæд дæ хъуыддаг, — загътон ’æмæ тагъд- тагъд акодтон мæ дарæс. Хъæуæй фæхицæн стæм, адæм нæма сызмæлыдысты, афтæ. Бон изæрмæ куыстам æнæ баулæфгæйæ. Фæрæты хъæ- пт-тгт уæпгæйæ-иу андзыг дæн. Цыдæр-иу мын мæ нуæрттæ йæ тыхджын дзæмбытæй сæууæрста. Мæ зæрдæ мын цы- дæр рæхуыста, |цыдæр мын <æй саджилтæ кодта. Мæхи урæдтон, фæлæ мын фыдбылызы фæнд æууылдта мæ зæр- дæ: абон хъуамæ амарон Дзабойы, абон хъуамæ хæрзбон зæгъа йæ дунейæн, абон у йæ фæстаг бон!.. Æз кастæн цæстæй, фæлæ уынгæ ницы кодтон, хъуыды кодтон, фæлæ æмбаргæ ницыуал кодтон. Стæм хатт-иу Дза- бо йæ мидбылты бахудтис, хъазæн ныхæстæ-иу скодта æмæ-иу æм уæд æз дæр сдзырдтон. Хур раджы аныгуылд, фæлæ мах уæддæр куыстам. Æз фæстиат кодтон Дзабойы, цæмæй ныл хъæды баталынг уы- даид. Мæй хохы къахырæй æрбакастис, барухс сты кæмттæ. .Ныууагътам нæ куыст æмæ цыдыстæм нæхимæ хъæумæ, Дзабо цыдис разæй, йæ зæрдæ йæ скъæфта йæ хурыхаймæ. Иæхимидæг хъуыдытæ кодта æмæ-иу фæхудт, райдыдта-иу 141
Иринейы кой кæнын. Ме уæнгты иннæрдæм хызтысты йæ ныхæстæ. Карды фистоныл ныххæцыдтæн æмæ ме уæнгтæ барызтысты. Куыддæр фендзыг дæн. Мæ цæстытæй ницы- уал ауыдтон æмæ æрхаудтæн. Дзабо фæстæмæ фæзылд æмæ мыл аныр схæца, афтæ йын загътон: «Нæ хъæуы, æвæццæгæн, бафæлладтæн». Сындæггай сыстадтæн æмæ дарддæр цыдыстæм. Дзабойы фæндыд, ме ’нцæйтты куы цыдаид, уый, фæлæ йæ æз нæ бауагътон. Бирæ нæ нал хъуыд хъæдæй ахизынмæ, афтæ мæ тых- тæ æрæмбырд кодтон æмæ кард йæ фистонмæ арф ныс- сагътон Дзабойы фæсонты. Дзабойæн ма йæ бон бацис зæгъын «Цы дын кодтон, цæуыл мæ амардтай?» — фæрæт фæхъил кодта, фæлæ йæ фæстæмæ зæхмæ æрæппæрста: «Кæй цæвын, кæ? Есымы? Мæ хуыздæр æмбалы? Нæ!» — æмæ, калд бæласау, зæххыл æрхаудта. Æз уæд бамбæрстон, стыр фыдракæнд кæй сарæзтон. Мæхн йыл æрæппæрстон, мæ цæнгтæ йыл ныттыхтон æмæ ныккуыдтон. Дзабойы уым фæуагътон æмæ хъæумæ фæфæдис код- тон: «Дзабойы чидæр амардта! Чи уыд йæ марæг, цæй фæ- дыл мард фæцис, уымæн ницы базыдтон»... Мæныл бау- уæндыдысты. Æниу кæй бауырныдтаид, æз мæ уарзон æм- гары марæг дæн, уый?! Дзабойыл саутæ скодтой. Сау скодтон æз дæр. Бирæ фæзылдыстæм, агуырдтам Дзабойы марджыты, фæлæ сæ кæм ссардæуыдаид? Фæстæдæр Иринейыл дзурджытæ фæцис. Дзабойы ный- йарджытæ уый куы фехъуыстой, уæд фæкуыдтой. Ирине йæхæдæг дæр никæмæн куымдта, тарстис, зæгъгæ, Дзабо- йы марæджы къухы куы бахауа æнæбазонгæйæ. Дзабойы ныййарджытæ мæм æрхатыдысты... Æрхаты- дысты Иринемæ дæр, æмæ æз ракуырдтон Иринейы, фæлæ мын раздæрау адджын нал уыд. Рæстæг цыд æмæ мын мæ зæрдæйы сагъæстæ йемæ иу- гай хаста, сындæггай мæ рох кæнын байдыдта, лæгмар кæй дæн, уый. Фæлæ мæ бынтон кæм ферох уыдаид Дзабойы мард. Ирине мын не ’мбæхста, Дзабойы бирæ кæй уарзта, уый. Куыд фæстагмæ Дзабойы кой мæ зæрдæйæ нал æфтыд. Кæдæмфæнды цыдаин, цыфæнды куыстаин — мæ разы-иу æрбалæууыд. Æндæрæбон æххæст кодта Дзабойы мардыл афæдз æмæ æрдæг. Мах æхсæвæр чбахордтам. Мæ зæрдыл æрбалæууыд, бегарайы мæ цæуын кæй хъæуы, уый. Уат æркæнын кодтон æмæ æрхуыссыдтæн. Мæ зæрдыл та æр- балæууыд Дзабо. Цынæ хъуыды февзæрд мæ сæры. Лæг 142
æнæбын денджызы куыд бахауа, афтæ фæдæн. Дæлдон кæнын райдыдтон. Кæм дæн, уый мæ ферох. Цьша мæм фæрсагæй æрбахызт Дзабо, цыма мæ разы уæлгоммæ ахауд æмæ сдзырдта: «Мæ марæг, Есым, нал басусæг уы- дзынæ ныр!» Æз мæ дзыхы дзаг фæхъæр кодтон: «Нана!». Ирине мæ уæлхъус æрбалæууыд, хуылыдз хæцъилæй мын мæ цæсгом æрсæрфта, дон мын адардта æмæ ме ’муд æрцыдтæн, фæ- лæ мæхимидæг тæссæй схъиудтон. — Цы кæныс, цы дыл æрцыд, цæмæй фæтарстæ? — фарста мæ Ирине. Уый хъуыды кодта, ома æвзæр фынтæ федтон. Нæ, æз фын нæ федтон, æз хъал уыдтæн, фæлæ мын фыны хуызæн рауадис. Цы йын зæгъон, куыд ын бамбарын кæнон, мæ зæрдæ мын калмау цы низ æхсыны, уый! Куыд ын зæгъон, æз æй кæй фæхицæн кодтон Дзабойæ? Науæд кæдмæ хъи- зæмар кæнон? Уадз æмæ йæ зона, æз йе знаг кæй дæн, æз лæгмар, фыдгæнæг кæй дæн æмæ йæ аккаг кæй нæ дæн, уый. Æмæ йын æппæт дæр радзырдтон лыстæггай. Уый мæм фехъуыста, фехъуыста æмæ йæ бæстон куы бауыр- ныдта, æз Дзабойы марæг дæн, уæд къулæй мигæнæн рас- къæфта æмæ йæ йæ риумæ фæцарæзта. Æз ма йæм фес- тадтæн, фæлæ нал — гæрах фæцыди!.. Ныр дæн уæ разы, ныр мыл, хорз адæм, уæ бар цæуы, æз амардтон Дзабойы, сæнамонд кодтон Иринейы, сисуг уæ кæрдтæ æмæ мæ лыстæг кæрдихтæ скæнут. Хисдæр зæрæдтæ æдзынæг хъуыстой Есымы алы дзырд- мæ дæр. Фæстаг хатт сыстад Габрел, фæйнæрдæм ахаста йæ цæст. Йæ зæронд мæллæг уæнгтæ срызтысты, йæ дæн- дæгтæ кæрæдзийыл сæхи схостой... Зæрдæ уынгæг кодта Габрелы уындæй. — Мæнæ хорз адæм, — загъта Габрел, — зын мын у, мæ дарæг, мæ иунæг хъæбулы марæгмæ кæсын... Æз мæ фырты туг нæ исын! Мæ фырт йæ туг йæхæдæг райста... Адæм Габрелы ныхæсты фæстæ æмхуызон базмæлыды- сты. Диссаг сæм фæкаст, йæ иунæджы туг исыныл йæ къух куыд систа, уый. — Дæуæн фаг у дæ хъизæмар, — загъта та Габрел Есьь мæн. — Æз разы нæ дæн, æыæ та дæ туг дæр ныккæла! Æрмæст цæугæ, нæ цæст дæ кæм нæ уына, уырдæм! Есым куыддæр Габрелы фæстаг дзырдтæ фехъуыста, афтæ та сдзырдта: — Хорз адæм, сымах мæ уæддæр амарут æхсæны дурæй! Фæлæ адæмæй иу дзырд дæр ничи скодта. Есым сæм 143
фæйнæрдæм акаст, сырды хуйзæн ’сси. 'Йæхи уыцыйу <æп- пæрст акодта. Куыддæр адæмæй фæхицæн ис, афтæ алыгъд... Алыгъд, фæлæ кæДæм, уый бæрæг нæ уыд. Адæм йæ фæстæ ’кæсгæ баззадысты, фæлæ æхсæвы уай- тагъд фæаууон ис. Адæм фæцыдысты фæйнæрдæм. Райсом каерæдзи фарс- той Есымæй. Æртыккаг бон фыййæуттæссардтой Есымы мард: кæм- дæр уыцы ’хсæв йæхи къæдзæхæй аппæрста.
НАРГЫЗ «Къучатагълар башын да. Бирысуру гызы. Гузуну отарар . Бир чобан гызы...»1 Ацы зарæг зарынц æмæ зонынц Азербайджаны дуртæ, хъæдтæ, фæзтæ. Зарынц æй колхозонтæ, зарынц æй æппæт интеллигенци, зарынц æй кусджытæ. Фæлæ æппæтæй папу- лярондæр у фыййæуттæм. Йæ музыкæ йын цæгъдынц тари- ныл, уадындзтыл æмæ уыдон кæмæ нæ вæйпы, уый та пын йæ мелоди феххæст кæны æхситтæй. ...Иæ хъуытазхъæлæсæй йæ зарыд Бакойы университе- ты студенткæ Наргыз дæр, зарыд æй æмæ дзы йæ рæсугъд чызгон зæрдæйы сагъæстæ мардта. Зарыд ацы зарæг æмæ иу афтæмæй куыста. Ие ’хцон рог хъæлæс дисы æфтыдта Низамийы уынгыл цæрджыты. Сылгоймæгтæ-иу ныууагътой сæ хæдзарон митæ, бакодтой-иу хæдзæртты рудзгуытæ, ныллæууыдысты-иу фæндаггонтæ æмæ-иу хъуыстоп æрыгон чызджы æгъуыстаджы зардмæ. Иæ алфæмблай-иу æртым- был сты йæ сыхæгтæ, суанг зæронды онг, фæлæ-иу сæ Нар- гыз нæ базыдта, цалынмæ-иу зард кæронмæ фæцис, уæдмæ. Фæлæ... Иухатт Низамийы-уынг хасты хуызæн фæцис, Наргыз ныууагъта йæ уарзон горæт Бакойы æмæ фæцыд хъæумæ. Йæ цæсгом нæ бахъæцыд, цæмæн æй рафæндыд Къабалмæ кусынмæ ахуыргæнæгæй ацæуын, уый зæгъын. Университет фæуын æмæ Наргызы зард иумæ фесты. Низамийы уынджы 109 хæдзарæй никуыуал райхъуыст æры- ?он чызджы æгъуыстаджы зард, æмæ та булæмæргътæ дæр сæ сæртыл схæцыдысты, æнæкъæмдзæстыгæй та райдыд- той зарын. Иæ ног бынаты Наргызы исчи куы зыдтаит, зарын зоны, I Бæрзонд хохы сæр ис иу чызг. Чызг у фиййау, хизы уæрыччытæ... 10. Харебаты Л. 145
зæгъгæ, уæддæр æм ничи бахатыдаид, сылгоймаг у: «æгъ- дауы сæрты нæ ахиздзæн, стæй стыр ахуыргонд у». Наргыз цалынмæ Къабалмæ æрцыд кусынмæ, уæдмæ ардыгон тæтæйраг зæхкусæг йæ чызджы ахуырмæ нæ уагъ- та. Уый йæм æгады ми каст. Фæлæ Наргызы фендæй ный- йарджытæй чидæртæ сæ чызджыты барвыстой скъоламæ. Наргыз ссис цæвиттон Къабалы цæрæг æппæт тæтæйраг сылгоймæгтæн, айстой йæ сæ зæрдæмæ æмæ сæ алчидæр сусæг-æргом архайдта, цæмæй йын Наргызимæ иудзинад хуыздæр уыдаид. Æрвылрайсом æй бæрæг кодтой, æрвылизæр емæ ныхас кодтой æмæ сын уый дæр йæ зонынад нæ хæлæг кодта. Р1æ афон кæмæн ацыд, уымæн ма цы гæнæн уыд, фæлæ ма афон кæмæн уыд, уымæн амыдта: сахуыр, дам, кæн. Абон дæр та йæм æрбауадысты йæ хæлар сыхаг чызджы- тæ, фæндыд та сæ сæ уарзон ахуыргæнæг, сæ уарзоы хо Наргызы фенын. Наргыз-иу алыхатт дæр зæрдиагæй фем- бæлд йæ хъæууон чызг-æмбæлттыл, хорз-иу сæ суазæг код- та. Абон дæр та афтæ æпхъæл уыдысты, æмæ иу чызг тагъд- тагъд нызгъорста асинтыл, дуар бахостаæмæ йæм бадзырд- та: — Наргыз, ам дæ? — æз Фатмæ дæн, — æмæ та хъпв- гæ дуар бахоста. Фæлæ æддæмæ нæ райхъуыст Наргызæй; «Ам дæн, Фатмæ, мидæмæ!» «Уæдæ цы фæуыдаид?», — ахъуыды кодта Фатмæ æмæ рудзынгæй бакаст. Уадид Фатмæйы ’рдиаг ссыд, астæрдыл ахаудта, чызджытæ йæм асиныл тагъд-тагъд сызгъсрд- той. Уыдон хъæлæбамæ сыхæгтæй чидæртæ æрбауадыс- ты хабар базоыынмæ. Фатмæйы йемуд æрцæуын кодтой. — Цы дыл æрцыд?! — афарстой йæ. Фатмæ цассыгка- лгæ йæ къух бадардта рудзынгмæ. Адæм рудзынгмæ сæхи баппæрстой æмæ федтой æвир- хъау ныв... Наргыз копразау ныцъцъæх, йæхи æрцауы- гъта. Уайтагъд кæрт адæмæй байдзаг, уæдмæ чидæртæ дуæрттæ басастой. Æвирхъау хабар хъусæй-хъусмæ, дзыхæй-дзыхмæ цыд æмæ йæ уысммæ фехъуыстой æппæт Къабалы цæрджытæ: Сæ уарзон чызг (афтæ йæ хуыдтой) йæхи æрцауыгъта. Цæмæн, уый ничи базыдта, нæдæр ын базонæн уыдаид, йе сътолыл фыстæг куынæ ныуагътаид, уæд. Фыстæг уыдис конверты æвæрд æмæ йыл æддейæ фы- ст( уыдис иу ном: «Алымæ». Тæтæры «Алы» нæмттæ бирæ ис æмæ сæ кæцы Алымæ. фыста, уый адæмæн сæ бон нæ уыд рахатын. Хъуыддаг фе- 146
хъуыст скъоламæ дæр æмæ ахуыргæнджытæ дæр фæдисы рацыдысты. Рацыд фæдисы Алы Хъурбаногълы дæр.' Р1æ уæнгтæ срызтысты, кæд майы хъарм бонтæ кодта, уæд- дæр... Фыстæг уыдис тæнæг гæххæттыл фыст лыстæг дамгъæ- тæй. Йæ райдианы уыдис сисы бырынкъæй конд иу цалдæр тæппы, сæ бынмæ фыст уыдис афтæ: . «Алы, ацы тæппытæ мæ цæссыгтæ сты... Алы, кæм дæ, фæкæс мæм, мæхи дын марын, фæзын-ма, чизоны мæ ды фервæзын кæнай байс мæ, байс мæ мæлæты къухтæй, байс мæ, мæн дæр цæрын фæнды » Афтæ райдыдта фыстæг, æвæццæгæн йæ бон нал уыднс фыссын, иуцалдæр рæнхъ рауагъта, æмæ та дарддæр рай- дыдта фыссын: «Алы, мæ тæригъæд дын схъарин, фæлæ дæ мæ цæст нæ уарзы; мæ тирæгъæд фæхæссæд ме сфæлдисæг, æз æндæр никæй хæрам кæнын»... Ацы фæстаг дзырд куы ныффыста, уæд Наргыз тæпп æвæргæ-æвæрын бандзыггонд, сисы цыргъ гæххæттыл æрсагъди, гæххæтт айста ахорæн æмæ дзы сырæзт стыр тæпп. Æвæццæгæн æй дарддæр нал фæн- дыд фыссын, æвæццæгæн загъта, ома, кæй цæмæн бахъуыд мæ царды истори. Фæлæ та фæстагмæ æрыздæхт фыссыны хъуыдымæ: «Алы, цы ныффыссон, уый дæр нал зонын, æмæ ма ныф- фыссон, уый дæр нæу мæ бон. Ног цъæл сæнæфсир æртæ боны дæргъы куыд фенхъизы, куыд фæфыцы, афтæ дæн ацы фæстаг бонты, атондзæнис мæ зæрдæ æнæ ныффысгæ- йæ. ...Уый уыд раджы, цалдæр азы размæ, ды фыццаг хатт Бакомæ куы ’рцыдтæ, нæ фембæлды уыцы ныв мæ зæрдæ- йыл афтæ тынг лæууы, цыма знон уыдис. Ничердæм зыд- тай фæндаг, фæстæдæр, куыд рабæрæг дæхи дзырдтæй, афтæмæй, ды фыццаг хатт уыдтæ Бакойы. Уыцы аз æз фæ? дæн астæуккаг скъола, ды та æрцыдтæ ахуыр кæнынмæ. Ды лæууыдтæ де ’мбæлттимæ станцы, дæ фæрсты рахизгæ- йæ фехъуыстон: «Кæдæм фæцæуон, ахсæв уал мæ исчи куы бавæрид». Дæ ацы дзырдтæ уыдысты лæгъстæгæнæджы дзырдтæ. Æз ахъуыды кодтон, кæд ныл баввæрса, уæд æй нæхимæ хъуа- мæ акæнон. Мæ фæндоныл мын дыууæ нæ загътай, дæ сæр нæм бадардтай. Мæ мад мæ «хонгæ» уазæгыл кæддæрид- дæр æмбæлд рухсдзæстæй, фæлæ ацы хатт йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта. Æвæццæгæн йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, чи- дæр, æнæзонгæйы йæм кæй бакодтон, уымæйдæр æвзонг лæппуйы. Ды, чизоны, нæрахатыдтæ [мæмады сусæг уай- 147
дзæфтæ, фæлæ æз тарстæн дæ хъустыл дзы исты, мыййаг, куы ’рцæуа. О, куыд зын мын уыдис, уæд!.. Фæстагмæ мæ мад æрсабыр æмæ йæ хæларзæрдæдзи- над равдыста, хæринаг сцæттæ кодта. Уæдмæ мæ фыд дæр куыстæй æрбацыд æмæ æхсæвæр хæрын райдыдтам. Мæ мад мын кастис æппынæдзух мæ цæстытæм. Æвæццæгæн æй фæндыд базонын: цытæ цæуы мæ зæрдæйы. Æхсæвæры фæстæ мæм йæхимæ фæсидт, афарста мæ: — Наргыз, цæмæн фæсырх дæ, Алы дæм куы бакаст, уæд? Мæнæй дзуапмæ нæ банхъæлмæ каст, стæй йын æз дзуапп дæр нæ радтаин, æвæццæгæн уæд тынг фæтыхстæн. Мæ мад уый фæфиппайдта æмæ та мын загъта: — Тыхсгæ ма кæн, мæ чызг, чизоны уыцы лæппу дæ зæрдæмæ фæцыд, фæлæ дæуæн нырма раджы у. Ды нырма хъуамæ сахуыр кæнай æмæ дæ уый фæстæ цы фæнды, уый бакæн. Ныр ацу æмæ баулæф, — рарвыста мæ. Мæнæн, чизоны, дæ кой куынæ ракодтаид, уæд мын аф- тæ нæ фæадджын уыдаис. Уый мæ кодта иргъæвгæ, «æв- зонг дæ», зæгъгæ, фæлæ мæ зæрдæ æвзонджы, æнахъомы митæ нæ домдта. Æдзухдæр мæ цæстытыл уадысты, чысыл, зынгæппар, æрвгъуыз цæстытæ, бæзджын æрфгуытæ æмæ фæстæмæ фаст къæбæлдзыг сæрыхъуынтæ, чысыл хæрз- конд фындз æмæ худгæ былтæ. Куы-иу фæзыхъхъыр сты, уæд-иу фæзындысты, дзæнхъа дуртау, рæнхъамадæй урс- урсид дæндæгтæ. Ноджы сæ тынгдæр фидауын кодта, се ’хсæнæй зынгау чи ’рттывта, уыцы сыгъзæрин дæндаг. Уы- дон се ’ппæт уыдысты дæумæ. Чизоны ма уыд дæуæй хæрз- конддæртæ, фæлæ мæ зæрдæ æдзух дæу мысыд. Чизоны, афтæ уæзбын, дзырдарæхст æмæ æгъдауджын кæй уыдтæ, уымæн дæ равзæрста мæ зæрдæ. Ды дыккаг бон ацыдтæ махæй æмæ нæ тæфтыл нал ацыдтæ. Цы дæм фæхъыг кастис, абон дæр ма йыл фæ- хъуыды кæнын, фæлæ йын дзуапп нæма ссардтон. Мæн ма фæндыд, искуы дыл куы фембæлин, æмæ та æхсæвбынат куы агурис, фæлæ мæ цæстытæ дæу уынæг нал уыдысты. Мæ хъæлдзæгдзинад дæр цыдæр фæци, æгæрстæмæй, æз университеты куы райдыдтон ахуыр кæнын, уæд дæр. Мæ зæрдæйы уаг мын мæ мад дæр фæфиппайдта æмæ йын- иу кодтон алы æфсæнттæ. Фæлæ иууыл иувæдыл дон дæр нæ фæцæуы. Æз дæуыл фембæлдтæн дыккаг хатт. Дæу фыццаг хатт куы федтон, уæд уыдтæ хъæууон дарæсы, фæ- лæ*дыккаг фембæлды рæстæгмæ дæхи сфæлыстай æмæ дæ горæттаг лæппуйæ ничиуал раиртæстаид. Чизоны-иу дæ æз 148
уымæн нæ уардтон. Æз-иу Бакойы уынгты сусæгæй агуы- рдтон хъæууон лæппуйы, æмæ уый та нæ рæсугъд горæты цыд горæттаг лæппуйы дарæсы. Мæ мид-зæрдæйы мæ ци- нæн кæрон нал уыдис, мæ зæрдæйы цины зæйтæ рацыдыс- ты дæу феигæйæ, мæ цæсгом дæм куы бахъæцыдаид, уæд дыл атыхстаин. Æз уæд мæхиуыл фæдис кодтон, афтæ куы никуы уыдтæн, уæд мыл, зæгъын, цы ’рцыд. Нæхи- мæ куы ’рцыдтæн, уæд æз уыдтæн хъæлдзæг, æдзух мæ поэтау фæндыдис зарын. Мæ мад мын мæ зæрдæйы уаг фæхатыд, афарста мæ: — Наргыз, мæ чызг, дæ хъæууон лæппуйыл фембæлд- тæ? Æз ын загътон «фембæлдтæн», æмæ мæ мады хъуырыл ныттыхстæн. Уæдæй фæстæмæ мæ цард фæхъæлдзæгдæр, цард мын фестад цыкурайы фæрдыг æмæ мæ разæй тылд. Уарзты рухс тынтæ мæм æнæвгъау калдта, ахуыркæнын дæр мын бæрæг фенцондæр. Алы, мæхи Алы, афтæ уыдис нæ фембæлды истори, аф- тæ ссардтай мæ зæрдæйы бынат. Фыццаг мæн фæндыдис дæуæн дæ фæлгондзмæ кæсын, дæ иу фендæй æфсæсти мæ зæрдæ, æрмæст-иу дæ дардмæ дæр уыдтаин, æндæр стыр- дæр амонд мæн нæ хъуыд. Алы, æрмæст дæ уыдтаин... Фæ- лæ фæстагмæ мæнæн дæуыл фембæлд æнæ исты дзургæйæ нал фаг кодта. Æмæ-иу æнæдзургæ дæр никуы фæдæ, дзы- рдтай-иу мын цыдæртæ, фæлæ æз цæмæ, цы рухсуадзæг дзырдтæм æнхъæлмæ кастæн, ды уыдонæн зылдтæ сæ алы- фæрсты. Æдзух дæм бæллыдтæн. Кæд мын зæгъдзынæ: «Æз дæу уарзын», фæлæ дæуæй уыцы дзырдтæ никуы сир- вæзтысты. Æз-иу уæд райдыдтон мæсты кæнын. Фæтæр- гай-иу дæн, нал-иу дыл æмбæлдтæн, ды-иу мæ уæд райдыд- тай агурын. Æмæ та-иу загътон: ныр кæд исты зæгъид. Фæлæ та-иу алыхаттау уæд дæр ницы загътай. Чизоны, мæ зæрдæ æдзух дæумæ куынæ тырныдтаид, уæд фидар дзыр- ды хицау уыдаин, иухатт загътаин: «Дæ тæфтыл дæр нал ацæудзынæн», æмæ фæуыдаид. Фæлæ-иу æз «фидар» дзырд куы загътон, фыддæр-иу уæд фæдæн, мæ зæрдæ-иу мын æнцой нал лæвæрдта... Афтæ уыд мæ чызгон, сæртæг, фæлæ сыгъдæг уарзтæй едзаг зæрдæ... —Фæдæ институт, — фыста дарддæр Нар- гыз, — æз дæр каст фæдæн университет, ды мын уæддæр никуы ницы загътай. Цæмæн, цæмæннæ æмбæрстон, уæд дæуæн де ’взагыл гуыдьтр цы хъуыддаг сæвæрдта, уый? Дæуæн уыдис ус, дæуæн уыд дыууæ сывæллоны. Æз уый 149
базыдтон, ардæм,, хъæумæ, дæ фæстæ, кусынмæ куы æр- цыдтæн, æрмæстдæр уæд. Алы, мæ зынаргъ, æниу дæ рæсугъд ус Фатмæйы цур мæнæн’ нæй уый бар æмæ дæ «мæ зынаргъ» схонон, фæлæ æз ныр дæн фæстаг фæндагыл лæуд, æз дæуæн цæрæнбон- ты æргом зæгъын цы иунæг дзырд нæ бауæндыдтæн, уый дын мæ фыстæджы загътон — дæу схуыдтон «мæ зы- царгъ!» Кæсгæ йæ уæддæр бакæнай. Æз уæддæр нал фен- дзынæн, Алы, ды мæм куыд смæсты уыдзынæ, уый. Чизо- ны мыл сусæгæй цæссыг æрæппарай, тæхуды, уый ныфс мæ уæддæр куы уаид, уæд æз мæрдтæм бацæуин зæрдæрухсæй. Уым дын æз дæ цæссыгтæ æруидзин, налхъуыт-налмасы згъæлæнтау, мæхицæн сæ фæрдгуыты хал сбиин æмæ сæ дарин, дарин мæ хъуырыл... Фатмæ, дæ рæсугъд ус, ахуыргонд нæу. О, фæлæ цы зонды хицау у, куыд тæхудиаг у! Цæмæй зыдта, æз ын чи уыдтæн. Цæмæй зыдта æз Бакойæ ардæм æрцыдтæн æр- мæстдæр Фатмæйы сабыр, æнæхъинон цард халынмæ. 0, куыд иузæрдыг у, Дездемонайау, Фатмæ дæуыл æмæ дæ дыууæ лæппуйыл, Алы! Ды нæ зоныс Фатмæйы денджы- зау арф, денджызау уæрæх æмæ суадонау рæсуг уарзт. Æз бирæ, бирæ фæтæхуды кæнын Фатмæмæ. Уый æнæхъи- нон зæрдæйы уаг бирæ цæуылдæрты сахуыр кодта мæн. Æниу, ын йæ цæстытæм комкоммæ та кæд бакастæн. Мæн- иу уæд басыгъта цавæрдæр сылгоймагон хæрамы, хæлæ- джы æмæ сыгъдæг намысы ард. Уый-иу мемæ дзырдта æр- гом æмæ æнæхинæй, æз та фæлывд æмæ фæдсафынæн. Ех, цæй æнамондæй райгуырдтæн, сдзырдтон-иу мæхицæн: ацы зæххыл иу хатт райгуыр, иу хатт дын радтæт æрдз цæрæнбон, иу хатт, æрмæстдæр дын иунæг хатт дæтты æрдз бар искæй бауарзынæн, æмæ дын фадат ма уæд, кæимæ дæ фæнда, уыимæ ,дæ цард фæкæнынæн! Тæхуды, Фатмæ, цы амондджын дæ, ахæм цæргæсы фарсмæ йæ цард чи кæны, йæ уды æнцой кæмæн уыны! Алы, сывæллонау-иу мыл ныддаргъ урок. Куыддæр-иу дзæнгæрæджы хъæр фехъуыстон, афтæ-иу атындзыдтон дæу фенынмæ. Мæ чызгон зæрдæ йæхимидæг не ’фсæст дæ койæ, дæу мысынæй. Бон-иу мæм кæд хурау, мæйау дард уыдтæ, уæддæр-иу æхсæв мæн уыдтæ. Алы, о, о, æрмæст- дæр мæн, æз-иу мæ фынты демæ æрвыстон адджын рæс- тæджытæ. О, куыд амондджын-иу уыдтæн, куы-иу мæсис- тай, ды дæ тыхджын цæнгтыл хæрдмæ, гæлæбуйау, куы-иу мæ балхъывтай дæ хъарм риумæ æнгом, уæд-иу æз мæхи банхъæлдтон дзæнæты дыргъдоны. О, фæлæ мæнæн ды нæ 150
уыдтæ Хосров1, нæ мын бакодтай дæ зæрдæйы дуар. Æмæ дæ нæ хæрам кæнын. Æз ма дæм тæхуды дæр кæнын, уды- хъæдæй ахæм тыхджын кæй разындтæ, мæн тыххæй дæ цард кæй нæ фенад кодтай, куыд дæхицæн, афтæ дæ рæ- сугъд ус Фатмæйæн дæр. ...Цыдысты бонтæ, цыдысты мæйтæ æмæ мæм цæмæн- дæр афтæ каст, цыма абон кæд нæ, райсом уæддæр уыдзы- нæ мæн. 0, цы стыр ныхас загътои, чызг уæвгæйæ! Фæлæ- иу куы ахъуыды кодтон, уæд-иу мæ разы февзæрд Фатмæ, йæ цæстытæ-иу доны разылдта æмæ-иу мын сабырæй загъ- та: «Наргыз, ахуыргонд куы дæ, мах дæумæ куы кæсæм æнхъæлмæ, зонд нын бацамондзынæ, зæгъгæ, уæд дæм цас раст кæсы искæй амонд дæ къæхты бын сæууæрдын?» Фатмæйы дзырдтæ-иу мæ хъусты мидæг ныггыбар-гыбур кодтой. Мæн-иу бахъуыдис ахæм рæстæджы лæмбынæг- дæр ахъуыды кæнын. Цалдæр хатты ныффыстон куырдиат, хьуамæ ныууагътаин мæ куыст æмæ ацыдаин дард, æгæ- рон дард, цыран æз нæ хъуыстаин уарзондзинады кой, цы- ран æз нал уыдтаин дæу, мæхи Алы, æмæ дæ байрох код- таин. Фæлæ мын мæ зæрдæ дæумæ цы уарзондзинады рæ- хыс бабаста, уый аскъуынын нæ бафæрæзта. Зын у уарз- ты хызы бахауæг зæрдæйы суæгъд кæнын. Цы дын æй æм- бæхсон, нæ бацис мæ бон мæ зæрдæйы басæттын æмæ загътон: уадз, зæрыбонмæ цæрдзынæн, æрмæстдæр ды кæм уай, уым. Æз нуаздзынæн, ды цы донæй нуазай, уымæй, улæфдзынæн, ды цы уæлдæфæй улæфай, уымæй, æмæ аф- тæмæй æрвитдзынæн мæ царды бэнтæ. Уадз, Фатмæ райæд, уæд хъæлдзæг, цардæфсæст, æмæ æз та он, хъысмæт мын цы хай бакодта, уый æвджид. Аф- тæ у цард, алкæмæ æмхуызон рæдау цæстæй нæ ракæсы хъысмæт, кæй бон у емæ схæцын. Уæлдайдæр та, хъысмæ- тæй æз цахæм хай курын, уый мын кæм ратондзæн искæй риуæй. Нæ дзы хъаст кæнын. Хъысмæт раст кæны. Цæмæн хъуамæ сæууæрда йæ къæхты бын, иу хатт хъазгæ-худгæ- йæ амонд кæмæн радта, уыцы адæймаджы æнæхъинон цард? Фæлтау æз йæ дæлбар дæн, мæныл йæ бар тынгдæр цæуы. Æмæ мыл ауæрдгæ дæр нæ кæны, æууæрды мæ йæ къæхты бын. Цымæ мын афтæ хъуыд, Алы? Цы зæгъдзынæ? Кæд мын афтæ æмбæлд, Алы, уæддæр мын æй ды æргом ма зæгъ. Уадз, цалынмæ æз уæлæуыл он, уæдмæ дæ ма фе- 1 Низамийы поэмæ «Хосров æмæ Ширины» сæйраг хъайтар. (Ав- тор). 151
хъусон: «афтæ дын æмбæлд». Уыцы æвирхъау дзырдтæй, Алы, мæнæ мæрдтæм цæугæйæ дæр тæрсын. Алы, дæ цæст мын сæ ма бауарзæд. Æз æвзæрæй куыницы сарæзтон, мæ азым æрмæстдæр уый уыд æмæ дæ бауарзтон. Ау, уый бар мын нæй æмæ адунейыл искæй бауарзтаин? Цы бакæнон, кæд дын ус ис, уæддæр. Æз дын, дæ зæрдæ де ’вдисæн, дæ цард куыницæмæй бахъыг дардтон. Æз демæ «цардтæн». æз демæ ныхас кодтон, Алы, æрмæстдæр мæ чызгон хъуы- дыты. Бирæ хæттыты-иу рахастон иууыл карздæр тæрхон,. хъуамæ стох кæнон æмæ ды мæн бауай. Уæд-иу æз цард- тæн мæ бæллицты. Мæхи-иу нымадтон, цыма æз æмæ ды цæрæм иумæ. Цыма æз фæуæлахиз дæн Фатмæйыл. Фæлæ- иу уæд мæ разы сыстад китайаг къул. О, куыд зын уыдис уыцы къул атонын! Уыиы бонты-иу мæм цæмæндæр афтæ каст, цыма Фатмæ у æнкъард. Цыма йæ царды мæсыг бан- къуыст, цыма уыцы мæсыгæи йæ бындур халæг æз дæн. Фатмæйы цæстæнгас-иу мын дзырдта: Наргыз, мæ дзæбæх хо, цæмæн æппарыс къæм мыды къусы. Æз Алыйы ахуыр- мæ уымæн нæ арвыстон æмæ йæ ныр ды дæхи бакæнай. Алы ахуыр куы кодта, уæд æз та Алыйæн йæ хæдзар дард- тон, хъомыл ын кодтон йæ фыртты, йæ хæдзар ын фæцу- дын, фæкæлын нæ бауагътон. Æнхъæл уыдтæн: Алы куы сахуыр уа, уæд æз дæр æрулæфдзынæн, мæ уд æнцой фен- дзæнис. Æз уый æнхъæлæй мæ уд хордтон. Æмæ дæм ныр цас раст кæсы дæ ми? Ахъуыды ма кæн, ахуыргæнæг куы дæ, цы ми мын кæныс?»... Æз-иу уæд бирæ рæстæджы æндзыгæй баззадтæн. Мæ цæстытыл-иу ауадысты æнахуыр нывтæ... Ды цыма ныу- уагътай дæ усы, дæ сывæллæтты. Фатмæйы худгæ цæстæн- гас хурхор ахордта æмæ йын йæ бынаты æнусмæ бацæрын кодта сагъæс, маст æмæ æнæрынцой фæсмон. Мах стæм хъæлдзæг, æз худын æмæ райын. Уыцы рæс- тæджы Фатмæ кæуы, йæ цæссыгæй йæ дыууæ фырты найы æмæ сæ афтæмæй хъомыл кæны. ...Мах худæм æмæ нæ цардæй стæм бузныг, фæлæ иу хатт: мах нæ фæндыд, - афтæмæй федтам Фатмæйы æн- къардæй, уæззау уаргъы бын, дæ фырттæ уынджы къулсæ- рæй лæууынц, рæвдыдцух æмæ æнкъардæй... Мах кæрæдзи- мæ фемдзаст стæм æмæ, цыма, не ’хсæн калм ныхситт код- та, ,афтæ фестæм. Нæ уæнгтыл нын, цыма, исчи къæртайы- дза’г ихджын дæттæ рауагъта, уыйау барызтыстæм. Атар ис нæ хъæлдзæгдзинад. Нал нæм цæуы худын, хъазын. Ды уæд æргом ницы загътай, фæлæ йæ æз бамбæрстон: ды фæ- фæсмон кодтай. 152
— Ох, цæй æвирхъау ми у уый мæнæн! — сдзырдтон? дæм æз. Ды мын зæрдæтæ æвæрыс. Ды мæн нæ азым кæныс. Ды: ма мæ, æгæрыстæмæй, æппæлыныл дæр схæцыдтæ, зæгъгæ, мæ фæрцы амондыл фæхæст дæ, фæлæ дæ дзырдты раздæ- ры ныфс æмæ тыхы монц нал уыд. Æппæт уыдæттæн æз дæн сæ аххосаг. Уыцы хъизæмар4 Алы, ды дæр, Фатмæ дæр æмæ дæ сабитæн дæр æз æрхас- тон Бакойæ. Æз ацы нывтæ развæлгъау аразгæ скодтон, стæй сæ- фæстæ цытæ æрцыдаид, уыдонмæ акастæн зонды цæстæй, æмæ дзы æндæр амал нæ федтон. Уыдон æнæмæнг æрцы- даиккой. Райсом мæн Фатмæ йæ хо нал хуыдтаид... О, хъысмæтæй цæй æвирхъау æфхæрд баййæфтон. Алы, ныр æз цæуын. Чизоны, афтæ не ’мбæлы, фæлæ мæнмæ аф- тæ хуыздæр кæсы. Цæйнæфæлтау цыппар адæймаджы цард схæтæнхъуаг уа, фæлтау уыдон æхсæн, цæлхдурау, хъен чи. слæууыд, уый йæхæдæг бабын уæд, афтæ хуыздæр у! Алы, цы ма дын фæдзæхсын: Мæ фыстæг мын Фатмæйæн схъæр кæн. Уадз æмæ зо- нæд, мæ цæрæнбон Фатмæйæн стыр дудгæ бонтæ кæй æр- хастаид. Афтæ хуыздæр у, кæннод мыл, мыййаг, куы маст кодтаид, уæд ыл дæ зæрдæ худтаид... æмæ дæхимидæг дзырдтаис: «цы зоныс, Фатмæ, чи амард, уымæн» Хæрзбон, Алы! Мæ зæрдæйы мын дæ фыццаг фенд ссыгъта уарзты цырагъ. Уый мæм худтис, уый мæ рæвдыд- та, æз дзы мæхи буц кодтон, мæ фæндаг мын рухс кодта... Мæ фæндаг мын рухс кæны гъеныр дæр, æгæрыстæмæй- мæрдтæм цæугæйæ дæр...» 1956—65 азтæ.
ÆХСÆВЫ ФАРН Уый уыдис фынафон. Æддейæ мæм чидæр рудзынг æр- бахоста. Æз хъал дæр уыдтæн, æмæ хъал дæр нæ уыдтæн. Загътон: фынæй уыдтæн, æмæ уæд рудзынджы хост куыд фехъуыстон? Кæд, зæгъын, мæ хъустыл исты ауад. Цалын- мæ мæхицæн афтæтæ хъуыдытæ кодтон, уæдмæ та ноджы- дæр æрбахостæуыд. Æз мæ сынтæгæй фестадтæн, рудзынг- мæ бауадтæн æмæ кæсын. Мæ разы лæууы сау дарæсы, сау даргъ зачъеты Æхсæвы фарн. Исдуг фæсæццæ дæн, зæ- гъын, æй мæнæй цы хъæудзæнис. Уый мæ бамбæрста ’æмæ мæм мидæмæ дзуры: — Дæ дарæс-ма акæн æмæ мемæ цом. — Кæдæм? — фæрсын æй. — Куы рацæуай, уæд дын æй зæгъдзынæн, фæсмон ни- цæуыл фæкæндзынæ. . Цы гæнæн мын уыд. Мæхн арæвдз кодтон. Аныр къæ- сæрæй рахизон, афтæ мæ афæдзæхста, зæгъгæ, дæ хъуы- дытæ æвæрæн демæ рахæсс. — Ау, уый та циу, стæй цæмæн? Никуы йæ хастон, ныр мæ ацы хатт цæмæн бахъуыд, уæлдайдæр ацы мæйдары? Æхсæвы фарн мын мæ цæстытæм æдзынæг пыккаст: — Нырмæ йæ кæй нæ хастай, алкæй дæхи хуызæн кæй æнхъæлдтай, ахæм уавæрмæ дæр уымæн æрхаудтæ!.. Ныр рахæсс, цы дын зæгъын,.уый æмæ æппæт дæр бахъуыды кæн... Дæ хъуыдытæ æвæрæны сæр дæ бахъæудзæн! Нæ фæхъыг кодтон Æхсæвы фарны. Рахастон, цы мæ домдта, уый. Цæуæм. Цæсты къух фæтъыссæн нæй... Фæлæ мæнæ диссаг! Цæстытыл не ’ууæндын. Уый æцæг нывтæ уынын, æви фынтæ! Æхсæвы фарн æрлæууыд, æрлæууыд- тæн*æз дæр. Къухæй мын амоны. Фæрсы мæ: — Уыныс? — Цы уынын? :154
— Лæмбынæгдæр ныккæс æмæ æппæт дæр фенай. Уæр- тæ уый чи у? Никуы йæ федтай? Æз нымдзаст дæн, Æхсæвы фарн мын кæдæм амыдта, уыцы бынатмæ. Мæнæй чысыл фалдæр цыдæр æндæрг цæстытыл ауад, æввахсдæр æм бацыдтæн, кæсын æм æмæ мæхиуыл не ’ууæндын: мæнæн йæхи ныфсы лæг чи хоны, бонæй мемæ чи цæры, мидбылхудгæйæ мын салам чи кæ- ны, æнæмæн цард ад кæмæн нæ кæны, дон куы фæнуазы, уæддæр мæн тыххæй хуыцаумæ чи фæкувы, мæ уыцы ныф- сы лæг сау хуыз афæлдæхта, йæ разы — мæ уд. Уый мæм стыр комджын кард систа, нырма уал мын æгъатырæй ныллыг кодта мæ рахис цонг, стæй галну, туг цыхцырджы- тæ ныллæууыд фæйнæрдæм. Фæлæ мæ ныфсы лæгмæ уый фаг нæ фæкаст: карды бырынкъ ныззылдта мæ рахис цæс- ты, къоппæй йæ фелвæста, зæххыл æй ныццавта, стæй йыл къахæй балæгæрста. Уымæй куы фервæзт, уæд та ногæй нывнæлдта, æмæ та мын карды бырынкъæй ме ’ннæ цæст дæр скъахта. Мæныл цыма дуне батар. Æз лæууын æмæ кæсын — дарддæр цы кæндзæн. Æмæ уæгъды нæ бадт уый дæр, ныллыгтæ мын кодта мæ хъустæ, стыдта мын ме ’взаг. Æз уæддæр цæрын, удæгас дæн, уын йын зын у, æмæ та йæ’ куыстмæ бавнæлдта. Карды фындз ныззылдта мæ зæрдæйы. Æз уæд ныррызтæн, нызмæлыдтæн айнæг къæ- дзæхау, ныуунæргъыдтон æмæ зæйы хъæрау, мæ хъæрзт ныццарыдта хæхтæ, быдыртæ. Уый та уæд, — мæ ныфсы лæг, куы базыдта, ныр фæрыстæн, уæд ныххудт, ныххудт æмæ йæ худынæй бæрæг уыд, ууыл ахæм цин, ахæм æхсыз- гондзинад абоныуонг кæй никуыма æркодта. Æхсæвы фарн мæнæй чысыл фалдæр лæууыд æмæ уый дæр бандзыг æвирхъау лæджы æвирхъау митæм кæсгæйæ. Стæй мæм æрбацыд, мæ уæхскыл мын йæ къух æрæвæрд- та: — Базыдтай дæ «ныфсы лæджы»? — бафарста мæ. — Базыдтон, базыдтои, æгæр дæр ма йæ базыдтон! — Уый-ма йын бафæрæзтон æмæ стæй æнкъардæй раздæхтæн нæхимæ. Мæ уаты хуыссæнты мæ сæр ныттыхтон, фæлæ мæм уырдæм .дæр хъуыст мæ «ныфсы лæджы» худын. Уы- цы худт хъусыи ныр дæр, ацы тæккæ сахат дæр. Чысыл ма басабыр кæн, ды нæ хъусыс ме ’ргæвдæджы худын?! 1976 аз.
ПЕТКÆ ÆМÆ ДАМДУМГÆНДЖЫТÆ ПЕТКÆ РАЙДИАНТЫ Петкæ раздæр уыд сабыр, хæдæфсæрм. Афтæ æмбæлы- адæймаг хъуамæ йæхи дарын зона. Фæлæ уæдмæ йæ хъус- тыл æрцыд: рæуæд, дам, у... Æмæ цæмæй уыцы ном йе ’рагъыл ма баззадаид, уый тыххæй «спыхс». Дам-думгæн- джытæ уый куы федтой, уæд, йæ сыкъатыл нæ сисдзæн,, зæгъгæ, райдыдтой дзурын. Йæ хъустыл æрцыд æмæ Пет- кæ йæ дзыхыл цъутта сæвæрдта. Хъуыды кодта: «Ныр сæ кæд фервæзин»... Фæлæ та уæдмæ йæ хъустыл æрцыд: «Йæхимæ ныззынд, йæхи æвдисы, схъæластæу у, салам дæр никæмæнуал дæтты». Уыцы бонæй фæстæмæ Петкæ кæй зыдта æмæ кæй нæ- зыдта, алкæмæн дæр-иу сæхъуамæ къæхты бынмæбакуыв- таид. Уæдмæ та æгас горæты Петкæйы кой йеттæмæ ницы- уал уыд: «Ацы подхалим дард ацæудзæн, йæ астæустæг, дам, ист у, æмæ кæсут, къæлæтау куыд тасы алкæй раз дæр!» Куыддæр та уыцы ныхæстæ йæ хъустыл æрцыдысты, афтæ салам дæттын никæмæнуал уæндыд. — Уый дын хъуыддаг, нæ подхалим асинтыл уæлæмæ куы сбырыд, уæд-ма дын кæй зоны, кæ? — райдыдтой та: —: «Афтæ/ у, хицæутты зæвæттæ стæр, дæ карьерæ ’ сараз, стæй макæйуал зон!». Бирæ рæстæг нæ рацыд, æмæ та уыцы ныхæстæ дæр Петкæйы хъустыл æрцыдысты. «Афтæ аив нæу», зæгъгæ, æмæ та ногæй салам дæттын райдыдта. Æмæ та уæдмæ адæм аджис-хъус кодтой: — Кæсыс, йæ хъуыддаг хорз нал у: кæнæ йæ йæ куыс- тæй сургæ фæкодтой, кæннод та йæ суринаг сты, салам дæр та уый тыххæй райдыдта дæттын!.. ПЕТКÆ ХÆДЗАР САРÆЗТА Æмæ канд уый нæ, Петкæ цард æххуырст хæдзары, дам-думгæнджытæ уый куы фехъуыстой, уæд ыл æнæсæ- рæны ном авæрдтой: «Уый дæр нын йæхи лæг хоны, кæй- дæр(дæлбазырæй ракæс-ракæс кæны!» Петкæ уый куы фехъуыста, уæд цалынмæ хæдзæрттæ сарæзта, уæдмæ уынгмæ рацæуын нал уæндыд. Бирæ рæс- 156
тæг нæ рацыд, афтæ та алы ныхас райдыдтой: «Хицау ын нæй, æндæра йæ исчи бафæрсид: алæма хæдзæрттæ цæмæй сарæзтай, зæгъгæ». Петкæйы хæдзары кой йеттæмæ ницы- уал кодтой. Петкæ та уый дæр æрыхъуыста æмæ йæ хæ- дзæрттæ паддзахадмæ радта æмæ фатер райста. Фæлæ та уæдмæ йæ хъустыл æрцыд: «Иæ хæдзæрттæй æхца бакуыс- та, ныууæй сæ кодта æмæ ноджы хицауады дæлбазыр ба- бырыд!». Дзырд бæхыл бады, уайтагъд та йæм фæхæццæ сты. «Цыдæр рæдыд та æруагътон», — хъуыды кодта æмæ йæ фатер фæстæмæ хицауадмæ радта æмæ кæмæдæр иу уат баххуырста. «Ныр ма та мæ цы зæгъдзысты?» — хъуы- ды кæны Петкæ, фæлæ та уæдмæ йæ хъустыл æрцыд: «Мæ- гуыр уæрццæн, дам, зад хуымы хизын нæ фидауы, æндæр аккаг нæ уыд!..» ПЕТКÆ СЛУЖБÆЙЫ — Адæмы цæстмæ афтæ кæны, — куыддæр кусын рай- дыдта, афтæ райдыдтой дзурын. — Нæ зæрдæ нын æлхæны, йæ кабинеты дуæрттæ гомæй уымæн дары. Науæд куы зæ- •гъæм, уæд цы хъуыддаджы лæг у, æмæ ныл йæ кабинеты дуар рлхгæна! Бирæ рæстæг нæ рацыд, æмæ та йæ хъустыл æрцыдыс- ты уыцы ныхæстæ. Фыццаг æм худæг фæкаст, фæлæ фæс- тагмæ ахъуыды кодта, чизоны, афтæ аив нæу æмæ йæ ка- •бинеты дуæрттæ æрбацæуæгæн гомæй нал дардта. , «Ныр ма та цы зæгъдзысты?» — райдыдта та Петкæ хъуыды кæнын, фæлæ уæдмæ горæты æндæр дзырд нал уыд: — Уый дын хъуыддаг, лæг йæ тæккæ тыхыл хъуамæ адæммæ йæхæдæг цæуид, хъуамæ сæ йæхæдæг агурид, уы- мæн та йæхимæ цæуынц æмæ сыл дуар рахгæдта, бюрок- ратæй нын агæпп кодта! ПЕТКÆ БИНОЫТИМÆ ЦАРДЫ Райдианты алцы дæр цыд нывыл. Фæлæ уæдмæ Пет- кæйы хъустыл æрцыд: «Мæгуыр чызджы бахордта (уый йын йæ бинойнагыл «мæт» кодтой). Йæхæдæг æрвылаз курорттæм цæуы, сылгоймаджы та йæ хъиутæ хæргæ ныу- уадзы!» «Афтæ аив нæу», — загъта Петкæ æмæ иухатт йæ усы улæфынмæ арвыста, йæхæдæг хæдзары баззад. «Ныр ма та цы хъуамæ зæгъой?»— хъуыды кодта, фæлæ та йæм уæдмæ бахæццæ дам-дум: 157
«Гъеныр уый дæр хъуамæ афтæ зæгъид: лæг дæн æмæ- мæ сæрыл худ дарын! Лæг хæдзары джиуы, ус та денджы- зы былыл йæ зæрдæйы дзæбæхæн рæстæг æрвиты!» «Уый дæр та аив нæу», — загъта æмæ дыккаг аз йæ уси- мæ денджызы былмæ улæфынмæ ацыд. «Ныр дам-думгæн- джытæй фервæзтæн», — хъуыды кодта, фæлæ фæстæмæ- куы ’рыздæхт, уæд йæ хъустыл æрцыд: фарон, дам, йæ ус кæмыты хæтыд, уыдон сгарæг, дам, ацыд! Ныр æппæт уыдæттæ бавзарæг Петкæ бады æмæ хъуы- ды кæны, хъусты къæрмæджытæ кæм балхæна, ууыл.
ÆНÆФÆРСЫГЪД ХЪУЫДЫ Размæ, цыдæр æнхъæл, æз æнæрæнцой, Истон къах æмæ зарыдтæн хурыл. «Ноджы тагъддæр ма, ноджы тагъддæр ма» — Хъуыст мæм алыхатт зæрдæйы дзурын... Æмæ никæдбон æз нæ маст кодтон: Ацæугæ бонтыл, ацæугæ азтыл. Хур мыл кастаид, гъе, хъызыдаид,— Тадтæн химидæг рухсбазыр уарзтыл. Ныр мæ фæндаджы кæрон разынди, Æмæ адæргæй мæ сæр разылди: Хи ма афæрсын: «Ныр кæдæм цыдтæн?» Æз мæ цардамонд æнхъæл цы ран уыдтæн, Уым мын бабын ис мæнæн алцыдæр. Ех, цæуылнæ мын загъта исчи уæ: «Лæппу, ма тагъд кæн, лæппу, ма цырд кæ!» Ныр мæ фæндаджы кæрон чи лæууы? — Ингæнкъахджытæ, дурцыртгæнджытæ... ФЫДÆНХЪÆЛ Зарæджы зæлгæ дзырдтæй Æз мæ уды сайдтон. Æмæ ноджы номы цыртæй Æз мæхи фæсайдтон... «Æз цæрын», дзырдтон, фæлæ дзы Æз мæхи фæсайдтон. Никуы загътон: «æз фæлмæцын», Æмæ хи фæсайдтон.- 159*
Никæй уарзын æз дæуыйас» — Цардæмбалы сайдтон. Æз дзырдтон: «Мæ цард у мин аз», Æмæ хи фæсайдтон. Цал рæсугъды федтон, уал хатт Риуыл арт ирвæзти. Фæлæ ацу, ма уын, ма хат Уарзтæй мын ныуæзт и. Фæлæ дардтон хи æрвонгæй, Æмæ хи фæсайдтон. Базæронд дæн монцы ’взонгæй, Ех, цымæ кæй сайдтон? Афтæ æз мæ мæгуыр уды Сайдтон æмæ сайын. Зонын, къæм æрбадт мæ худыл Æмæ мæстæй тайын. Зарæджы æви уа царды, Чи раргоми, чи у? Бацыдтæн бæргæ мæ кары,. Фæлæ уæддæр чиуын... 1979 аз. I * * * Мæ уд уа гас, кæна ифтонг цард, Дарæс, хæрд мæнæн уа фаг. — Мæ бæллицц нæу, мæ бæллицц нæу! Фæлæ хъуыса дард нæртон зард, Уæрæх, лæгъз уа Ирæн йæ фæндаг — Æз хонын уый, мæ бæллицц, дæу,! Мæ хуымгæнд уа мæнæн дзаджджындæр, Мæ хæдзар хъарм æмæ уа рухс,— Нæ хъæуы мæн, нæ хъæуы мæн! Мæ зæхх ысуа мыдæй адджындæр. Нæ дзы кæна йæ тала хус... Уый у мæ фарн, мæ цин мæнæн!
ХУЫЗДÆР РАДЗЫРД Хуыздæр радзырды тыххæй расидтæуыд конкурс. Уый тыххæй бакастæн газеты. Мæ курдиатæй дын куынæ рап- пæлдзынæн, фæлæ æз хъуамæ ныффыссон иттæг хорз ра- дзырд. Ахъуыды ма кæн, хъуамæ, дам, уа цыппар фарсы, уый ныффыссынæн цы хъæуы, æмæ йын стæй æхца куыд бирæ ратдзысты, куыд бирæ — мин сомы! Ау, стыр уацау- тæ чи фæфыссы, уыдон дæр райсынц уыйбæрц æхца. Æз та бæрцæй ныффысдзынæн цыппар фарсы æмæ мæхи сцæ- рæг кæндзынæн! Зонут, æз цытæ сараздзынæн уыйбæрц æхцайæ? Мæ усы мадæн балхæндзынæн цырыхъытæ, мæ усы мадæн хорз къабайаг — сырх дидинджытæй нывæфтыд чи хъуамæ уа, ахæм. Ноджы ма мæ усы хотæн балхæн- дзыиæн кæсæмер къабатæ, ахæм дзаума бирæ уарзынц. Чи ма дзы аззайа, уыдонæй мæ усы æфсымæрты дæр нæ ферох кæндзынæн... Мæнæн рохгæнаг зæрдæ нæй, мæ мад куыд æнхъæлы, æцæг афтæ нæ дæн. Гуыдыр дæр доа балхæндзынæн, гуыдыр! Уый та нæ хæ- дзары дуарыл сæвæрдзынæн. Айеды нæм мæ фыд ахæм цъыфкъахæй æрбацыд æмæ нæ ахуырст пъол фесæфт... О, уæд мæ ус цас фæкуыдта, ацы æнæхафт адæмæй, дам, нал фæразын! Æмæ афтæ æнхъæл стут, мæ ус исты фæрæдыд? Уанцон нæу, лæг кæдæм цæуа, уый ма хъуамæ зона?.. Мæрдырох мыл бафтыд, ай цытæ фыссын?! Ацы тыхстæй мæ æндæр ницы æндавы? Æз хъуамæ сфæлдисон радзырд. Уый хъуамæ бацахса фыццаг бынат. Афтæ æнхъæл стут йæ хорзы-мæт мæ ис, уый та кæй æн- давы! Æхца, æхца — мин сомы, зæфцыфыдæй сæфынц. Цы ма ныффыссон, мæ сæрмæ ницыуал цæуы, хъуамæ исчердæм цыппар фарсы байдзаг кæнон. Тæхуды, фысджы- тæ æдзух цы музæйæн лæгъстæ кæнынц, уый искуы æрый- 11. Харебаты Л. 161
йаф æмæ дзы курдиат ракур! Мæн, мыййаг, романтæ фыс- сынæн куынæ хъæуы, æрмæст цыппар сыфы цæмæй бай- дзаг кæнон, уыйбæрц курдиат мын авæрæд. Ех, иу чысыл радзырд, цы хорз уыдаид, уыйбæрц æхца зæфцыфыдæй къухæй ирвæзынц!..
ДЗУАПП ИУ ПЛАГИАТÆН Синысæртыл æз дæуау нæ хæцын, «Ницы мæм ис», зонын æй æз дæр. «Бафæнды» мæн дæр цыдæртæ давын, Искæй хорзы чи схондзæн æвзæр?! Арæзтон-иу уидгуытæ мæхæдæг, Не ссис, нæ, сæ ныффыссын мæ бон. Гайтма нын кæйдæр хъæбулæн Иры Ды йæ уæлæ ’рбакодтай хæдон. Æз дæуау æвзыгъд нæ дæн «æвзæгтæм», Чизоны цы нæ вæййы, уæд та... Ацæуин æддаг бæстæмæ курæг Æмæ иу бон нал уаин «дзырдтаг». Импортон цæттæ хъуыдытæ Ирмæ Рифтæгты.æрæнтъухин мæ фаг. Фæлæ нæй, зæгъон дын æй, æвзæр дæн, Никуыдæм нæ базыдтон фæндаг. Уæд ды та, ды та цæуылнæ «зарай», Гъей, дæ сæр куыднæ хæссай бæрзонд! — Хъаст кæнынмæ ’не ’рцæудзысты мæрдтæ, Ис дæ разы, зоныс, уый фаг зонд. Иры та — кæй быны бырыс, уыдон Никæд дæу нæ ракæндзысты дзæхст. Никуы уыди афтæ æмæ халон Акъахтаид халонæн йæ цæст...
Иннæтæй дын — «чысыл сырдтæй» — мур дæр Никуы у дæ бындзу удæн тас. Зоныс сын сæ «хъару» æмæ тасæй Никуы сысы «фу-фу»-йæ дæ бас» 27/У1—76 аз. Кæсын дын де ’мдзæвгæ æмæ дын Иæ мидæг бацардис фырмæт. Æз дын дæ хъарутыл æууæндын, Æмæ дын барст цæуы æппæт... Кæд дард æнæмсæр тохы ’мбалæн Æмбойны аскъуыдис йæ уд, Уæд ын, зæрдæрисгæ, æмбæлы... Ды дæр-иу сисай ам дæ худ. Кæд искуы сахъ лæппуты мадæн Фыдæзнаг акъахта йæ цæст, Уæд дын ам цард нæ кæны адæн, Дæ сагъæс уын вæййы æрмæст... Кæд дард, дыууæ хæларæй чидæр Мæнгардæй басаста йæ дзырд, Уæд маст — дæ зæрдæйæн та уый дæр, Æ’мæ йæ рахуыдтай цъæх сырд. Кæд искуы сидзæр саби фыны Кæугæйæ агуры кæрдзын. Дæуæн уæд, фехъусын, йæ мæтæй Дæ риуæй сыхъуысы хъæрзын. Кæд искуы саузæрдæ, фыд адæм Нæ кæнынц номы лæгæн аргъ. Уæд та дын цард ысвæййы мастæн, Фæбæллы: «Ех, куы фестин маргъ!..» Æмæ куы атæхис йæ цурмæ, Цæмæй фæрогдæр уа йæ зын. Рæстдзинад агурыс уæд хурмæ, Æмæ нæ фæзоныс тæрсын. 164
Уый хорз у, мах хæс у, тыхст лæгæн Хъæуы, æфсымæрау, æххуыс. Фæлæ-ма байхъус ды мæ дзырдтæм, Æрмæст-иу ма фæлив дæ хуыз. Кæд афтæ дардыл у дæ сагъæс, Ды кæд æцæг æнкъарыс рис, Уæд ма мæ цæстытæм æрбакæс, Æмæ дæ гамхуд сæрæй сис: Дæ цуры лæг йæ уд куы иса, Куы кæна абæстæн хæрзбон, Уæддæр дæ сагъæс у дæ чыссæ, Йæ дзыхмæ йын нæ радтыс дон! Дæ цуры сабийæн йæ къухмæ Кæд искуы авæрыс къæбæр, Дæ маст ыосæуы уæд дæ хъуырмæ, Æмæ дæ схауы дзырд хъæбæр!.. Дæ мад, дæ ныййарæг мад бакуырм, Уæлæмæ нал исы йæ уонг, Фæлæ дзы абон дæр, йæ сахъ гуырд, Фæстæмæ не здахыс дæ цонг! Нæ цуры сомытæ фæкæныс, Нæ уарзтыл бахæрыс ды ард, Фæсфæд та не сæфтмæ фæбæллыс, Фæсфæд ныл бафтауыс цъæх арт! Кæд феныс: де ’мбалæн æнтысы, Сындæггай айтынг ис йæ цард, Дæ зæрдæ уæд, бецау, нынкъуысы, Вæййыс дæ фырхæлæгæй мард! Зæгъгæ, хуыздæр лæджы дæ цуры Кæрæфæй бирæгътæ хæрынц, Дæумæ дæ зæрдæ уæд нæ дзуры, Нæ тъыссыс ахæм ран дæ фындз! Дæуæн æз не ’мбарын дæ сагъæс, Куыд хъара зæрдæмæ дæ фыст?! Фæсхохмæ хорз уыныс, фæлæ нын Куы ’нкъарис ’ввахсмæ дæр нæ рыст! 1971 аз. 165
РЕЦЕПТ КАРЬЕРÆУАРЗÆГ ПОДХАЛИМÆН Уый у стыр лæг, Хуыздæр бандон — йæ бар... Æмæ æмбар: Йæ цуры тæркæй дзурæн нæй, Дæхи дар афтæ, Цыма дæ фынæй Æмæ лæг рацæуа дæуæй! Æлгъитдзæн дæ, фæлæ æнцад... Къуырма, дам, дæн — дæхицæн бад. О, кæннод уе ’хсæн ныссæтдзæн хид Æмæ сæфыс! Дæ цуры уый æнаккаг ми кæндзæц: Давдзæн, сайдзæн, тыхми кæндзæн... Фæлæ-иу зæгъ: «куырм дæн». Нæ зæгъын æз æмæ дæ «тас» уа, Фæлæ къæлæтау, хъуамæ Д’ астæу таса. Кæд дæ фæнды æмæ схизай Асиныл бæрзонд, — Уæд цæрдæг фæлæу, «Скусын» кæн дæ зонд!
ЗОНДАМЫНДТЫТÆ — Ды нырма æвзонг дæ...'Æвзонг афтæ, æмæ базарады хаххыл æрæджы райдыдтай кусын. Нырма бирæ цыдæртае нæ зоныс аёмæ дын тæрсын: æвæлтæрдæй, мыййаг, къæп- пæджы куы бахауай, уæд зон: дæ «хæлар» дæр дæ фæстæ атутæ кæндзæн. Хæдзар сæ кæмæн саразай, уый дæр зæгъ- дзæнис: «Мæнæн ахæм «жуликимæ» ницы иудзинад уыдис, мæ фыны дæр æй никуы федтон!» Æнæуый та æддейæ куы уай, уæд уый дæ сæр æнæмæнг хъæудзæнис, æнæ дæу ницы нытъæпæн кæндзæн. Иудзырдæй, сымах цалынмæ иумæ уат, уæдмæ уын æнæкæрæдзи цæрæн нæй. Æмæ цæмæй ды дæр астæумæ кæрдæгыл хизай æмæ уый дæр, уый тыххæй хъуамæ æххæст кæнай мæнæ ацы амындтытæ: ФЫЦЦАГ АМЫНД Зæгъ’æм: ды кусыс, хъæдæрмæгæй алыхуызон дзаумæт- тæ кæм аразынц, ахæм нскæцы фабрикæйы складгæсæй. Дæ къухы ницы ис, тымбыл хъæдæй дарддæр. Цьг хъуамæ бакæнай ахæм рæстæджы — тымбыл хъæд хæрынæн- нæ бæззы?! Алчи дæр афтæ æнхъæлдзæн дæуæй, «халтургæ- нæг у», зæгъгæ, уый ничи зæгъдзæнис. Æнæуый та, цин дын куы фенин дæ удæн дæр æмæ мæхи зæронд удæн дæр, кæд кусын зонай, уæд дæм æхцайы нук’тæ цыхцыр ныл- лæудзысты! Куыд? Уый дæр базондзынæ. Æз дын сæ радзурдзы- нæн: макуы бабæлл, æмæ æнæхъæн вагон хъæдæрмæг су- сæг фæндагыл ахъуызын кæнай, уæд æмбойны дæхи æр- байсафдзынæ. Фæлæ æнæхъæн вагонæй дыууæ — æртæ тымбыл хъаедыл акт сараз. Зæгъ: «Нæ бæззыдысты, калц- æг, æмбыд уыдысты, афадынæн не ’сбæззыдысты». Кæд 167
дын. хæлæрттæ уа, уæд дæ фæрсгæ дæр нæ бакæндзысты, куыд, цы хуызы, афтæмæй дын дæ актыл сæ къухтæ зулмæ бафысдзысты. Уый фæстæ сæ ныффадын кæн æмæ — æх- ца!.. Цалынмæ ацы бынаты кусай, уæдмæ архай, цæмæй хи- цауы цæсты ма бахауай. Уый та хатт афтæ æнæнхъæлæ- джы вæййы æмæ дис кæндзынæ, цы, дам, æм рауад?! Аф- тæмæй та «аххосджын» дæхæдæг уыдзынæ. Цæмæн? Уый тыххæй дын цæвиттон æрхæсдзынæн, хъуыды та йыл ды акæн. Зæгъæм, хицау хорз костюм балхæдта, æрбацыд, æвди- сы дын æй æмæ йæ ды ницæмæ æрдардтай, уый йæм тынг хъыг фæкæсдзæн. Ды ахæм рæстæджы хъуамæ фæцарæх- сай, хъуамæ йын раппæлай йæ ног дзаумайæ, дæ зæрдæмæ куынæ фæцæуа, уæддæр дзы зæгъ: «Ахæм дзы никуыма уыд!» Уый йæ мидбы’лты фæхуддзæнис. «Хуылыдз æй хъæ- уы», — бадзур æм. Уый та ноджыдæр фæлмæн худт бакæн- дзæнис, стæй зæгъдзæнис: «Æмæ йæ схуылыдз кодтон». Уæд ын хъуамæ зæгъай: «Æз нæ зонын, махимæ дæр æй ^ъæуы схуылыдз кæнын». Иугæр дзырд дæхицæй рацыд, уæд сразы уыдзæн. Уыйбæрц та чи нæ’ зоны... Хисдæр го- рæты хуыздæр ресторантæ нымайдзæн, уый дæ амонд у„ фæлæ-иу ын ды ма разы кæн. Ома æз ахæм ресторанты аккаг нæ дæн. Кæд æхсæв æмæ бон дæр уым зад дæ, уæд- дæр. Сбуц æй кæн, демæ, зæгъ, фыццаг къласы ресторан- мæ куыд бацæуон. Æппындæр ма ской кæн: «Хæдзармæ ауайон, мæ дзаумæттæ раивон». Дæ зæрдыл дар ирон æм- бисонд: «Сауджын хъиссыны тыхтæй дæр бæрæг у». Ацу- иу, дæ уæлæ дын цы ’рыййафа, уыдоны мидæг. Кæнпод гæ- нæн ис, ахæм рæстæджы ды скæнай дæ хицауæй зынаргъ- дæр костюм. Уый дын зæгъгæ ницы кæндзæнис, фæлæ дæ йæ ныхтæ ныссадздзæнис æмæ дæ хæдзар дæр уæййаг куыд фæуа, ахæм ми дын бакæндзæнис. Ацу-иу, кæдæм дæ кæна, уырдæм. Фынгыл-иу уæлдай комдзаг ма акæн, хи- цауы цæст уынаг у, макуыдæр ын йæ размæ бавнал. Фæл- тау æм кæс æмæ адджынæн цы хæринаг хæра, уый дæ ра- зæй сис æмæ йын æй йæ разы æрæвæр. Хицау куы кува, уæд хъуамæ мæрдон сабыр бауай, йæ дзырдтæ дæ зæрдæмæ куынæ цæуой, уæддæр, худ æмæ æп- пæл: «Зонды къуыбар дæ, сыгъдæг зонды къуыбар!» Куывд куы фæуа æмæ рæгъ дæумæ куы ’рхæццæ уа, уæд зæгъг «Мæнæ нæ буц «тамада» æппæтдæр загъта, æЗ ма ахæм хорз ,куывдмæ цы бафтаудзынæн?» Уый фæстæ дæ бон у æмæ дæ сыкъа аназай. Дæ хисдæрьг цæрæнбон дын куьг кувой, уæд ды дæ къахыл слæудзынæ, уымæй Дыл ницы 168
æрцæудзæнис, дæ бынæй де ’хсынкъ нæ агæпп кæндзæнис... Хисдæрæн чи кува, уымæ хъус æмæ-иу алкæй разæй дьг фæхъæр кæн: «Оммен, оммен»! Стæй-иу дзур: «Нæ хицау- сыгъзæрин у, сыгъзæрин! Уый директорæй кусын куы рай- дыдта, уæдæй фæстæмæ нæ кондад йæ къахыл слæууыдис,. коллектив кæрæдзи бамбæрста, кусджытæ фыццаг хатт ба- _ фиппайдтой хицауы аудындзинад»... Хицау дын, цыма, дæ ныхæстæ хъусгæ дæр нæ кæны, йæхи афтæ дардзæнис, фæлæ афтæ ма хъуыды кæн... Хи- цау æппæтдæр хъусы æмæ уыны, дæ алы дзырд дæр йæ риуы, йæ зæрдæйы бацæры... Фæцис фынг æмæ æрхæццæ æхца фидыны рæстæг. Гъе,. ам дæ хъæуы, гъе, лæгдзинад равдисын! Хицау йæ дзып- пытæм æфсоны æвнæлдтытæ кæндзæнис. Уый цы нысан кæны — хъуамæ хатай. Дæ сæрыл хъуамæ уа хъустæ. Ца- лынмæ хицау йæ дзыппытæ къаха, уæдмæ ды официантмæ- дæ цæст фæныкъул. Уый дæ цуры, ногбоны нывонд уæрык- кау, алæудзæнисæмæ дын дæ къухтæм йæ цæстытæ ныц- цæвдзæнис Ды йын фынджы хардз уæлдайджынтæй ба- фид, официант æмæ дæ хицау бузныгæй баззайдзысты. Хи- цау уый куы фена, уæд дын райдайдзæнис уайдзæфтæ кæ- нын: «Демæ никуыуал ацæудзынæн, дæуæй къаддæр мызд исын, ды цæмæн хъуамæ бафидай?» Йæ ныхæстæй йын ма фæтæрс, ома, демæ «никуыуал рацæудзынæн» кæй загъта, уый тыххæй. Уыцы дзырды иннæрдæм хъæуы æмбарын. Ахæм рæстæджы дæ ма сирвæзæд: «Æмæ æз, мыййаг, мæ мыздæй цæрын?» Ды уый фæлтау хъуамæ зæгъай: «Хæ- дзарыдзаг стæм æмæ не ’ппæт дæр кусгæ кæнæм. Ды нæ- куыд æнхъæл дæ, афтæ тыхст дæр не стæм»... Дæ ныхæстæ дын йæ зæрдыл бадардзæнис æмæ дæм искуы уазæгуаты куы ’рбацæуа, уæд æм дæ хæдзары уаг диссаг нæ фæкæсдзæнис Йæхимидæг зæгъдзæнис: «Ку- сынц æмæ сын ис». Æниу уый æппæтдæр зондзæнис, фæлæ дзы ма тæрс, кæд мæнæ ацы фæткойтæ æххæст кæнай, уæд: Де ’нгуылдз мыдæй куы сахуырса, уæд æй фыццаг ды ма астæр, фæлæ йæ хицауæн астæрын кæн. Æнгуылдзыл ма цы аззайа, уый дæ сæрмæ бахæсс. Ныууадз уæздан митæ, уыдон ницæмæн хъæуынц. Но- мы кой ма кæн, ном дын уыдзæнис, кæд дæ дзыппыты исты уа, уæд. Уый фæстæ-иу де ’нгуылдз тынгдæр сахур, цæмæй йæ< куы стæрат, уæд уæ дыууæйы фаг дæр кæна. Дæ хæдзары дын исты хорз дзаума куы фена, уæд дæм бахæлæг кæндзæнис. Нæ дын зæгъдзæннс: радт мын æй, æрмæст дын цалдæр хатты йæ кой ракæндзæнис. Уый та* 169'
ныеан кæны: æри мын æй, зæгъгæ. Ахæм рæстæджы фæс- тæмæ мацæуыл фæхæц, дывæр-æртывæрæй дæм æрбафт- дзæнис. Æнæуый та архай, цæмæй хицауыл арæх ма æмбæлай. Макуы дæ рахатæд, зæгъгæ, йын ды хъавыс йæ бынатмæ. Куыддæр дæ уый базона, афтæ дæ ахуырмæ арвитдзæ- нис. Гъе, та дын ома хорздзинад аразын: «Хорз кадр мæм нс, ам æвгъау у», — алкæмæн дæ хъардзæн æмæ дæ æндæр куыстмæ аивын кæндзæнис. Уый тæссаг у. Дурын алæбон дон нæ хæссы. Иæ цæстæй дæхи хиз. Хицауы цæст стыр у, фæлæ цынæ вæййы, мыййаг, дæ куы раппара, исты йæм куы фæхъыг кæса. Архай, цæмæй ресторантæм арæх ма цæуай. Уæлдайдæр та фыццаг къласы ресторантæм. Хуыздæр у, хисдæрты хонай хæдзармæ. Дæ хæдзары фынгæй ма дæ куыдз стæг уæддæр ахсындзæнис. Кæд искуы иустæм хатт бахауай\ресторанмæ, æмæ дзы хицæуттæй исчи уа, уæд цæсты чи нæ сахада, ахæм хуын сæм макуы барвит. Исты, зæгъ, дæумæ æрхаудтам — зæгъ- дзысты. Удæн иу физонæг æмæ удæн дыууæ авджы — дæ мæгуыраудæр хуын. Уый фенгæйæ дæм сæхимæ басиддзы- сты æмæ дæм уæдмæ уæлийæ дæлæмæ чи кастис, уый дæр дын сыстдзæнис æмæ дын дæ ныхæн, дæ къухтæн пъатæ кæндзæнис. Дæуæй хуыздæр, дам, Ирыстоны лæг нæй, алчи сæ дзурдзæнис. Афтæ у, «хорздзинад» нæ сæфы, адæймаг метеорæй хъауджыдæр нæу. Чизоны, хъысмæт æй кæдæм ^ахæсдзæ- нис, цæуыл æй ныццæвдзæнис. Кæд дурыл сæмбæлай, уæд бабын уыдзынæ, фæлæ кæд «адæймагыл» сæмбæлай, уæд уæ дыууæйæн дæр ницы уыдзæнис... ДЫККАГ АМЫНД Адæймаджы йæ хъысмæт иу ран нæ уадзы. Тæрсгæ-иу ма фæкæн, кæд дæ дæ бынатæй ракæной хуыд дзаумæттæ кæм сты, уыцы складмæ, уæд. Æрымыс-иу Къостайы «Уæлмæрдтæй» иу рæнхъ. Кæд Къостайы фыстытæй ницы кастæ, уæддæр уымæй ма тæрс. Æз дæр сæ никуы кастæн, фæлæ хъысмæтæй нæ хъаст кæнын. Иры хуыздæр патрио- тыл дæн æз дæр нымад. О, стæйдæр дын Хуыцау æнæуый- дæр дзæбæх цард радтæд! Уыцы рæнхъ мæнæн амонгæ ба- кодтой æмæ йæ тынг хорз бахъуыды кодтон, Цæвиттон, дæ ног бынаты дæр хъуамæ ма рох кæнай дæ фыццаг ахаст: «Ам куыд уыд, уым дæр кувæг — дæхи зæрдæ». 170
Ног бацæугæйæ, æнæмæнг фæтыхсдзынæ, цы м.и, дам, кæндзынæн, мæ бинонты цæмæй дардзынæн?! Фæлæ-иу ма фæтыхс, æппæты фыццаг-иу бацархай хицауы зæрдæ бал- хæныныл. Уый та афтæ хъуамæ саразай, æмæ дæ «хæйрæг» ’дæр куыднæ базона. Хицаумæ кæддæриддæр хъуамæ лæу- уай æввахс, æрмæст дæ фæдзæхсын: хицауæн йæ рæзты макуы ахиз, бæхæн та йæ фæстæты. Афтæ дын куы зæгъа: «дæхи доны баппар», уæддæр-иу ды фæцырд у æмæ зæгъ: «Бæргæ, фæлæ мæ хуызæн æвзæры дон кæдæм фæлас- дзæнис?!» Дæхи «æвзæр» рахондзынæ, уымæй æцæг æвзæр нæ фестдзынæ, æнæуый та дæ дзуапп хицауæн æхсызгон уыдзæнис, йæхи мидæг зæгъдзæнис: «махонтæй у!» Æмæ уæд — дæ амонд!.. Исты ног дзаума куы райсай, уæд дзы æппæты фыццаг ды ма скæн, ахæсс уал æй хæдзармæ. Уый фæстæ хъуамæ бакæнай афтæ: дæ «лæвар» рæсугъд батух, бацу хицаумæ æмæ йын æй йе ’стъолыл аивæй æрывæр, хицау аргъ фи- дын нæ уарзы. Кæд дæ цуры ничи уа, уæд ын зæгъ: — Æуый ма фен, адæм махæй цæрынц, æмæ дæхæдæг та тæфтыл нæ цæуыс, сауджыны æмбисонд дыл куы цæуы: уый дæр йæ хуымæн йæ кæрæтты цыд, адæм та — йæ ас- тæуты!.. «Афтæтæ ма кæн», — дзурдзæнис, фæлæ-иу æй дæ зæр- дыл бадар, дыккаг бон ын дæ лæвар дзаума йæ уæлæ фен- дзынæ. Уый фæстæ дæуæн дæр дæ бон у... Цы ма дæ хъæ- уы, кæсаг æнгуырыл схæцыд!.. Дæ хъару æмæ дæхæдæг... Макуы дæ ферох уæд хицауы ус, дæ бинонты йын йæ фæдыл бафтау, хъуамæ исчердæм фæзонгæ уой. Уый æнæ- мæнг хъуыддаг у, авд цæды къамбец дæр иу æдых сыл- гоймаджы бæрц нæ анцайдзысты!.. Стæй дæхæдæг зоныс, дæ «арæхст» æмæ дæ «хъару!» Базон, хицауы ус кæцы размер хæссы æмæ йын ца^æм «вкус» ис, уыдæттæ. Æмæ сæ иугæр куы базонай, уæд æвиппайды стыр хуынтæ хæс- сын ма райдай, зон сылгоймаджы характер. Æрымыс-иу Пушкины кæсагахсæджы усы аргъау, уый дæр фыццаг сыгъзæрин кæсагæй арынг æрдомдта, уый фæстæ йæ æгас денджызыл паддзахиуæг кæнын æрфæндыд! Æппæты фыц- цаг ын хъуамæ схуын кæнай сау зæвæтджын дъындатæ. Фæцарæхс-иу æмæ-иу зæгъ: «Модæйы сты, нырма дзы дæу йеттæмæ никæмæн ис». Уый фехъусгæйæ дæ йæ хъуырыл æгънæгæн куы дарид, уый дæр æй бафæнддзæнис. Афтæ рахиз куыд-зынаргъдæр дзаумамæ: æрмкъухтæм, стæй цъында хæдæттæм, трикотин палтотæм, æмæ иугæр хицауы ус дæ лæвар дзаума куы дара, уæд æй зон, хицауы уд дæ къухы ис. Лæг — лауыз, ус — фæлдахæг. Иæ мойæн дын дæ 171
къæхтæ дæр ныхсын кæндзæнис! Фидарæй зон: хицауæн йæ* къухтæ сойæ куы байсæрдай, уæд мауал тæрс. Иæ къух дыл нæ фæхæст уыдзæнис, сойæ сæрст къухтæй кæсаг æн- цонæй ацъелф ласы! Макуы æрцæуæд дæ сæрмæ ахæм хъуыды, æмæ зæгъай: «Хицаумæ æгæр рæдау дæн». Дæхи ма фесаф, чъындыйы низ дыл ма бахæцæд. Мæрддзæстыты «нарст хуымы» хи- зын чи уадзы, æмæ кæд баирвæзынц, уæддæр — рæстæгмæ,. стæй сын сæ фæрстæ фæнæмынц, афтæмæй сæ расурынц. Мæнмæ дæр-иу æрцыд ахæм хъуыды, зæгъын, æгæр бирæ «хардз» кæнын, фæлæ та-иу цы бахардз кодтон, уый-иу мæм дывæр-æртывæрæй æрбафтыд. Æмæ, уыныс, зæры- бонмæ æнцад-æнцойæ фæкуыстон, никуы фæфæсмон кæн- дзынæ, кæд мын мæ ныхæстæ дæ зæрдыл дардзынæ, уæд. Æз зæронд халон дæн, царды зилдухæнты рацыдтæн æмæ æмбар: «Хисдæрæн йæ фындз асæрф æмæ йæ зондæй ба- фæрс». Æртæ сæдæ азы цы халон фæцæры, уый бирæ фе- ны... ÆРТЫККАГ АМЫНД Хорз у хъæдæрмæг, æвзæр нæу уæлæдарæс дæр, фæцæ- рæн сæ ис, фæлæ дæ кæд цæрын фæнды, уæд дæхи æппар про- дуктты складмæ. Æмæ иугæр уырдæм баирвæзтæ, уæд — дæ хъару æмæ дæхæдæг! Æнæхæргæйæ ничи цæры, хица- уæй-æндæрæй дæ къухты сты. Æниу, цæмæй уыцы хъуыд- даг дæ къухты бафта, уый тыххæй бирæ фыдæбон хъæуы. Иу дуджы дыи нæ комдзысты, фæлæ ды архай æмæ мага- зинтæм рæстмæ продукт ма уадз, уæд дæм сæхæдæг цæу- дзысты. Æмæ дæм иугæр хисдæр æрбацыд, уæд де ’вæрæн- тыл ма ауæрд, маргъы æхсыр дæ куы ’ркура, уæддæр ын æй ссар. Уæздан ын æй стух, йæ дæларм ын æй бакæн æмæ-иу ын зæгъ: «Ууыл мын дæ сæр дæр ма сриссæд». Æхца дæм æфсоны лæвæрд кæндзæнис, ды-пу ын æй райс æмæ йын æй «сусæгæй» йæ дзыппы нывæр. Уый йæхи афтæ равдисдзæнис, цыма ницы федта, ницы базыдта. Дæ зæрдæ- йæм ма ’хсайæд, ома æхца фæндагыл æнæрхъуыдыйæ куы схауа. Ма тæрс, уый фæндагыл æхца фендзæнис æмæ йæ йæ риуы дзыппы, раздæр кæм уыд, уым нывæрдзæнис. А-фæстаг рæстæджы иуæй-иу «æдзæсгом» кусджытæ сусæгæй хицауы дзыппы æхца нывæрынц. Ды афтæ макуьг бакæнг Афтæгæнджытæ æгæр сбирæ сты, æмæ сæ хицау зонгæ дæр нал кæны, уый афтæ æнхъæлы йæ дзыпп уæле- йæ исгæ, бынæй ахадгæ у. Фæлтау æндæр исты æрымыс,,., 172
цæмæй дын дæ лæггад зонгæ дæр кæна æмæ йæ цæсты та ■ахадгæ кæнай. Ды та ам дæр тыхсдзынæ, ома адæмæн афтæ куы лæ- зæрттæ кæнон, уæд хæрдзтæ цæмæй æмбæрздзынæн. Уы- мæй макуы фæтæрс. Зон, цы аразын хъæуы, уый! Дæ зæр- дыл дар, продуктты сорттæ тынг сæмтъери сты. Фæлтæрд лæгæй дарддæр сæ кæрæдзийæ ничиуал хицæн кæны. Зæ- гъæм, дыккаг сорт продукттæ фыццаг сортмæ адæм афтæ балхæндзысты æмæ ма сыл дис дæр кæндзынæ, ома куыд дсъуырматæ сты! Фыдызгъæл дын чи уæй кæны, уыцы ма- газинты кусджытæ æртыккаг сорт чи уа, уыцы фыдызгъæл ^сæрз æнцонæй ауадзынц фыццаг сортмæ дæр. Æмæ дын мæллæг стуры бæрзæй фыццаг сортмæ куы уæй кæной, уæд ма ды æхца цух фæуыдзынæ? Мыййаг дын куынæ ра- зы кæной, уæд дæ къухты сты. Продукт æм куынæ уадзай, уæд ма дын лæхстиаг дæр фæуыдзæнис. Магазингæстæй та æхца кæддæриддæр ис æрмæджы, макуы дæ афæливæнт, макуы дын зæгъæт: «Ацы хатт мæм ницы ис». Уыцыиу бонæн ницы уаид, фæлæ уæд афтæ ахуыр кæнынц. Архай, цæмæй-иу дын сæкæры голджыты дур донæй дзаг къæртатæ баззайа. Сæкæр умæлад йæхимæ тыхджын исы æмæ дæхæдæг зоныс, сæкæрæн дæр дзæбæх аргъ ис. Денджыз æртахгай у, капекк капеккыл æрæвæр <емæ дыууæ капеччы бауыдзысты! Æппæтæй фылдæр пайдатæ-иу дæм куы ’рбахауа, раст- ну уыцы бонты рахъæр кæн, мæ продукттæ, дам, фæцух сты, æмæ-иу хицаумæ бацу, ссæрибар мæ кæн, мæ хæдзар мын уæййаг ма фæкæн! Уый, чизоны, фæнда, фæлæ дæ сæ- рибар не скæндзæнис, ныр та нæуæг лæг агурдзæнис?! * * * Фæуд кæнын, мæ къона. Мæ фæстаг фæдзæхстытæ дæ ма ферох уæнт, хъуамæ архайай, цæмæй дæ хицæуттæ да- рой сæ базырты бын. Ма рох кæн ахæм æмбисонд: «Тутыр дын хуымгæнæг куы уа, Уацилла тауæг æмæ Уастырджы та хуымгæрдæг», уæд цæрын æнцон у...
* * * Иуæй иу Бирæ уарзы Искæй хардзæй, Йскæй фынгыл Парахатæй зарын. Гъеуæд фены Хион, зонгæ, Гъеуæд зоны Парахатæй дарын... Разыны йыл Авд æвзаджы... Алкæмæн дзы Метр та йæ дæргъ у. Суадзы тæнтæ, Хафы дардыл, Фæлæ гуыбын Н’ атоны, фæлтæрд у! Емæ зонгæ Чи нæ вæййы, УЬш фæфæрсы: Ай та уын кæй дзæргъ у?! ДÆУ Æрæджы театралон фæзуаты ныхас код- тон иу ирон «культурон» лæгимæ, дзырд нæм æрхаудта ирон чиныгыл дæр æмæ мын уый загъта: «Мæ ныхас дæм хъыг ма фæ- кæсæд, фæлæ цы у ирон æвзаг, кæм нæ ба- хъуыд?» Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй мæ уыцы зонгæйы хæдзары иу ирон чиныг дæр нæ разынд. АВТОР. Дæу чиныг нæ хъæуы, ды алцы дæр зоныс, Ды цардæй бынтондæр æндæр цыдæр домыс... Дæу чиныг нæ хъæуы —уæлдайдæр иронау, Æнæ уый дæр зонæм: дæ цард цæуы донау. 174
Дæу чиныг нæ хъæуы, — æрдзæй нын хæрз-зонд дæ^ Кæм ма ис нæ Иры дæуæй нын бæрзонддæр! Дæу чиныг нæ хъæуы, нæдæр дæ æндавы, Дæу мах цур æндæр зынг, æндæр хур фæтавы!.. Дæу чиныг нæ хъæуы, æппæтæй æххæст дæ! Ды, давгæйæ, цардæн йæ рохтыл фæхæст дæ! Дæу чиныг нæ хъæуы, дæ фырты дæр — афтæ, Æрвитыс дæ бонтæ ныр заргæ ’мæ кафгæ! Дæу чиныг нæ хъæуы, нæ дæ хъæуы Ир дæр! Ды ууыл ныккæнис, гæнæн уæвгæ, чъирттæ дæрЕ Дæу чиныг нæ хъæуы, ирон дзырд дæ мары, Уыгæн дæр цæрынæн æнцондæр у тары! Дæу чиныг нæ хъæуы, ды алцы дæр зоныс. Ды цардæн йæ сойтæ æррайæ нæ домыс!.. Дæу чиныг нæ хъæуы, ды алцы дæр зоныс! Æнæ уый дæр нæрдæй тъæпп хауыс, фæтоныс! КУПЛЕТТÆ * * * Мæн хъуыдтæ, лæппу, ныхасæн Иу дзырдæн ызнон: Нæй йæ чъылдыммæ æмбæхсæн Тасаг лæгæн, зон! * * * «Гæды æмæ мыстæй» хъазт Сабитæн у «кино», Фæлæ нын æй се ’ппæтæй Уарзы фылдæр Гино... «Уарзондзинад у куырм» — дзурыс... Æмбисонд у æрмæст. Алцыдæр уыны, мæ къона, Сыхагæн йæ цæст! 175
* * * Хи рæдыд лæгау-лæгæн у зонд-зонæн, Дыккаг хатт æй нал æруадзы, зон. Фæлæ цауд лæг никуы вæййы бонзонæг, Ауадзы йæхи артыл дæр дон!.. * * * Хи рæдыдыл ахуыр кæны лæг, Хи дзы алыхатт фæхизы. Удыхъæдæй чи вæййы ныллæг, Уый та ахæмтыл нæ тъизы. НОГÆХСИНЫ ЛÆГ Уый ахсы зынгæ бынат Иры, Æууæнкджын лæгыл у нымад... Кæс-ма йæм, йæ къухтæ куыд тилы, Йæ фарсмæ — хъæмпы хал дæ кад! Ызнон дæр ма дзыппытæ къахта, Кæйдæр фындзæй рауагъта туг. Ныр уый фарсмæ чи стут сымах та, Ыслæг ис, уый фехъусут, гукк! Ныр уый фарсмæ чи стут сымах та, Р1æ къухы ис «бархъомыс», тых. Бæгуыдæр, уый дзыппытæ къахта, Фæлæ ныр æнгом дар дæ дзых! Йæ кæлæнтæй бæрзæймæ сбырыд, Йæ гамхуд — йæ къæдз æвзаг, хъус! Ды загътай: — Дымыстæр ыстыр уыд.— Нæ дæм хауы, бад æмæ кус! Æмбар-иу, æхсины лæг Ирæн Кæд æрхаста намыс, гъе, кад?! Сымах тыххæн, ма дзурут бирæ, Нæ бацахста уыцы бынат!
ФÆСМОН — Хур макуы фенæд, æмæ йæ бонтæ фæсмонæй бахæ- рæд! — хыл кодта Дочион. Цæуыл хыл кодта, г,ъе, стæй кæимæ хыл кодта, уый зонæг та,куыдцæ уыд. — Цæрæнбон- ты колхозтæ фехæлдзысты, ’колхозтæ фехæлдзысты кодта æмæ нæ мæн бауагъта колхозы’ кусын, нæ дзы йæдæдæг бакуыста. Иæ сæрæй фæхъæрза!.. Дочионы хылæй-иу адæм уайтагъд бамбæрстой хъуыд- даг: Дочион та загъдсамадта(иæ зæрон^;лæг Хæмыцаимæ. Æниу, Дочион колхозыл кæдæй ’фæстæмæ æсиузæрдыг, йæхи дзы дард- куы ласта... Афтæ, хылгæцгæ йæ кæд чи федтаид, йæ цæрæнбонты’ йæ къух уазал ’доны дæр куы ни- куы атылдта, колхозон куысты фæдыл. Æмæ дзы цьГкодта: Иæ цæрæнуат — дардыл, хæдзар — æххæст. «Колхозы та бакусæд, мæгуыр, зæхх, ис кæмæн нæ уыд, уыдон», —- фæз- мыдта-иу былысчъилæй. О, фæлæ Дочион и’скуы уый æн- хъæл кæцæй уыдис æмæ йæ искуы истæй тыххæй колхрзмæ йæ къух бадаргъ кæныны сæр, б’ахъæуа. Иæ тых æмæ йæ фæллойæн сихсийынæй никуы фæтарст. Ныр Дочион йæ- хиуыл нал æууæнды. Уæнгты хъару’ цыдæр’æрбаци! Æниу цы фæцис, уый Дбчион йае^æдæг’хорз’зо^ьь Цæргæ-цæрæн- бонты йьш ёазармæ æр^гъом хæсгæйæ"батадйУ Йæ цæсты рухс цы фæцис? — куы ’йæ афæрсат, ’уæд/уымæн дæр’ До- чион дзуапп раджы бацæттæ кодта,— ара,хъ^уа^з^æ:уадзьГн ын арты фæздæгмæ батадис/О, æмаэ Дочирн* уый.’æнхъаёл кæцæй уыдис," искуы хъуыддаг афтæ лрауайдзæн. 'Æниу колхозы,дæр"'æнæкусгæ нæ уыд,Гфæ’лæ уъ}^ уымæк" нæ,'æше. колхозы къæбйцмæ’иу хрры æфсир паида^бахæсса^. Иæ л7æг Хæмыца йын раджы, колхозтæ куы’ сар'æзЧ6й,^уæд иусзонд блцамыдта; «Дæхи колхозы куысты ма бафæлйай’ын ’каен. Ада^мы цæстмæ нын æнæ^кусг’æ’та.цй^аенæЦ’’йс/^ййæУттæ 12. Харебаты Л. 177
нын нæ зæхх байсдзысты. Фæлæ дын куыд бацамыдтон> афтæ: дæхи макуы бафæллайын кæн, кæм бафæллайай, уый та дын хуыцау нæма байста... Хæдзар, хæдзаргæрон зæхх, фос, æмæ дын чи фæнымайдзæн дæ кусинæгтæ! Уадз кол- хозы куысты фæллайæд, сæр кæй хъæуы, уый!» Дочион иузæрдыг уыд йæ лæгыл, йæ алы ныхасмæ дæр ын æыувыдæй хъуыста. Æмæ канд хъусгæ нæ, фæлæ До- чион зыдта, йæ лæг Хæмыца-иу сдзуринаг цы уыдис, уымæн йæ мидис. Лæг цы загътаид, уый ус арæзта æнæ дзургæйæ. Дочионы рагæй фæстæмæ уырныдта йæ лæджы алы дзырд дæр. Æмæ уыдон та цахæм дзырдтæ уыдысты, уый ма иу хатт ракой кодтам. Фæлæ та уын æй уæддæр уæ зæрдыл æрлæууын кæндзынæн: «Колхозтæ абонæй соммæ сты». «Колхозтæ фехæлдзысты» æмæ æндæр ахæмтæ. Афтæмæй азтæ цæуын райдыдтоп, цæуын райдыдтой æмæ колхозтæ фидарæй-фидардæр кæнын райдыдтой, æмæ уый уынгæйæ Хæмыцайы сæры хъуынтæ та урс кæнын райдыдтой, æмæ Хæмыца фыдæлты зæрондæй агæпп кодта. Æниу Хæмыца мæнæ-мæнæ лæппутæй дæр нал уыд. Ныр ма бæргæ фæс- мон кæны, фæлæ йын йæ тæригъæд бахæрæд: кæддæр, кæм- дæр, кæмæйдæр, раст зæгъгæйæ та, кулак Хаджысмелæй фехъуыста, æмæ уыцы дам-думтæ йæ сæры афтæ тынг ныффидар сты æмæ сæ джиркъайæ куы къахтаис, уæддæр не ’скуымдтаиккой. Æргомæй никуы, фæлæ-иу æй искуыдæй-искуыдмæ исчи афарста: — Хæмыца, афтæ хъæздыг лæг куы нæ дæ, дæуæн дæр, мæнау, дæ фыд стыр бынтæ куынæ ныууагъта, уæд адæм цæрынæн цæмæй фæрæз кæнынц, уымæй ды дардмæ цæ- мæн лидзыс, чъылдым здæхтæй йæм цæмæн лæууыс? Хæмыца-иу бамбæрста, дзырд та колхозы бакус, зæгъгæ, ууыл кæй цæуы, æмæ-иу ахæм рæстæджы, мыййаг, рог ны- хас куынæ загътаид, дзуапп радтыныл-иу куынæ батагъд кодтаид. Хиуылхæцгæ лæг у æмæ-иу бирæ хатт дзуапп бынтондæр нæ радта. Стæй-иу ын æндæр гæнæн куынæуал уыдис, уæд-иу, Санаты Семау, .йæ бæзджын æрфгуытæ кæрæдзимæ ныццыргъ кодта, хылгæнаг уасджыты дыууæ уачъийау, æмæ-иу уæд сдзырдта: — Кæмæн, кæмæн, фæлæ мæ мæхицæн дæр нæ фæнды? Ау, адæймаджы низ куы хæра, уæд .ма дын цæй кусынæн бæззы? Не ’фсин мæнæй чысыл æнæниздæр у, æмæ уымæн цас йæ бону, уыййас дзы хыбыр-хыбыр кæны... Иæ^имидæг та-иу ныхасгæнæгимæ былалгъæй былысчъил ныхæстæ.кодта: «Цымæ дзы/цы федтойацы колхозц куы- 178.
сты? Æхсæвæй-бонæй дзы кусынц æмæ уæддæр æнæ хæла- фæй ныммæлынц!» Уыцы хъуыдытæ-иу æрдæгыл фескъуы- дысты, йæ сыхæгты цардыл-иу йæ цæст куы ахаста, уæд. Се ’ппæты кой та кæм ракæны, фæлæ Датийы хæдзарыл йæ цæст æнæ ахæсгæ нæ фæвæййы. Датийыл та уымæн, æмæ æгас хъæубæсты Датийæ мæгуырдæр хъæды халон дæр никуы уыдис. Цæргæ-цæрæнбонты йæ биыонтæ фыцгæ агмæ ннкуы ныккастысгы. Ныр ма йæм бакæс: дыууæддæ- гуæлæ хæдзар сарæзта æмæ сæм чъынды уды цæст хæра- мæй тайы. «0, фæлæ уæддæр колхозтæ фехæлдзысты, æмæ уæд Дати цы ми хъуамæ кæна, цæмæй хъуамæ цæра? Мый- йаг ын пенси снысан кæндзысты?» — ууыл-иу фескъуыд йæ хъуыды. Пенсийы коймæ-иу бирæ хæттыты афæнд кодта Хæ- мыца горæтмæ ацъыкк ласын, фæлæ-иу æй баурæдта, йæ къæхтыл ын «хъадамантæ» чи баста, уый: цы ми дзы хъуамæ кæна, горæты цы хъуамæ сараза? Дæсныйад дæм хъуамæ уа, дæсныйад, æмæ уый та Хæмыцамæ нæй. Фæрæтæн хъæд аразын зоны æмæ уый заводы кæм хъæуы? Æниу æй го- рæттаг цардмæ дæр йæ зæрдæ тынг не ’скъæфта, фæлæ дзы уыдис иу хорз хабар, æмæ уыцы хабарыл та Хæмыца" рагæй хъуыды кодта: зæронды боны пенси райсин, зæгъгæ. Уыцы иунæг хъуыддаджы уыдта Хæмыца горæты хорздзинад. Уый йеттæмæ-иу горæты цæрджытыл худгæ кодта. Афтид гуыбынтæ æмæ сæ схъæлбæрзæйтæ хуыдта. Кæрдæ^джы халы онг — иууыл æлхæнгæ. Ахæм царды Хæмыца иу афæ- дзц. фаг дæр не скомдзæнис. Хæмыца’ хъуамæ йæхæдæг уæй кæна, йæхæдæг! Æмæ уый ахæмтыл æхца доны куы кала, уæд ма уый цæй цард у? Иухатт та хъуыдыты куы уыд, раст уыцы рæстæджы йæ «фæлмæнзæрдæ» усы загъд йæ хъустыл ауад. «Райхъал» та Хæмыца, йæ цæстытæ та аууæрста. Усы хылмæ та ба- зыдта постхæссæджы фæзынд. Уый Хæмыцайы сыхаг зæ- ронд колхозонтыл зилы æмæ сын уары пенситæ. Хæмыца йæ цæст дары постхæссæгмæ. Уый иу зæронд колхозоны хæдзарæй ацæуы иннæмæ... О, фæлæ Хæмыцайы хæдзары дæр дыууæ зæронды куы ис, уырдæм цæуылнæ æрбарæди- йы? Уæд цыдæр хъуыдыты ацæуы, æдзынæг зæхмæ кæсгæйæ баззайы. Æвæццæгæн, ын раджы кæддæр афтæ чи дзырдта, «колхозтæ абонæй соммæ сты»... Уыцы кулак постхæссæджы фендæй йæ цæстытыл ауайы. Базоны та Дочионы хылы аххос дæр, уыдон постхæссæг не ’рхъуыды кæны... æмæ ноджы колхозтæ нæ хæлынц... •, • > '179
МОДÆТЫИХ Уыцы чызджы æз зыдтон тынг хррз. Тынг хорз? Цымæ мæхицæц æг^ер не ’ппæлын? Гъай- гъайдæр! Æз æй зыдтон æрмæст дардмæ. Куыста нæ заводы кон- структорон бюройы, кæрæдзийыл арæх не ’мбæлдыстæм. Цухатт, нæ зонын, цæмæн, фæлæ æрбацыд цехмæ. Æз лæу- уыдтæн мæ тæрхы^уæлхъус, уыдтæн.мæ тæккæ æнæвдæло- ныл. Æвиппайды, цыма, хур зæхмæ æрхауд, афтæ уыцы чызджы фендæй мæ зæрдæ ныррухс. '!Цæуы>пдæр ныхас кодта мастеримæ. Иæ мидбылхудт ын цыдæр, æнæныффыс- гæ, рæсугъд æнгас лæвæрдта. Цæрæнбонты никуы ницæмæ бабæллыдтæн, фæлæ ацы хатт мæхи нал баурæдтон, чыз- джы дзыккутæм кæсгæйæ, хинымæры загътон: «Тæхуды, сымахмæ кæсынæй бафсæд! Цонджы стæвдæн дыууæ дзык- куйы уæздан æнкъуыстысты чызджы хæрзконд уæхсчытыл. — Дæу цы мад ныййардта, уый сыгъзæрин феста! — Кæдæй-уæдæй ма дзыккутæ.федтон!.. — Уый ирон чызг у, гъе! — чызг.куы рацыд, уæд тæр- хыты æхцон унæримæ хъуыст алырдыгæй, Усгур лæппутæ йæм сæ былтæ астæрдтой. Æниу, цыма, мæхиуыл дæр хуыз- дæр бон нæ уыд, афтæ уæм нæ фæкаст?. Ме ’гуыдзæгдзинад^уын куы зæгъын, сылгоймагмæ ком- коммæ бакæсын мæ ныфс нцкуы бахастон, мæ цæртытæ фæцæйсудзынц. Ацы хатт. мæхиуыл фæдис кодтон, куыд баурæдтон ахæм зынг стъæлфæн æппарæг цæстытæм ком- коммæ бакæсын. Уыцы чызг цехæй куы рацæйьшд, уæд дæр та мæхи фæкъæйных кодтрн^ æмæ та йыл. сæрæй/къæхтæм мæ цæ- стытæ’ ^рхастон. Иæ^ рæсугъд зырнæйзылд. зæнгты мæ уд б.аззад. Æвæццæгæн,' Пушкин а^æм^къæх.тæй^загъта, мæрд- ты, дам, мæ риуыл р(ацу-бацу кæниæнт. Ацыдис чызг, фаелæ.мæ цаестыты.баззадысты йæ сатæг- сау сæрыхъуынтæ, ’йæ уæддаД, хъырмыз. былтæ, йæ тæлма- стæу. Цы уын.æй æ.мбæ^срн, чызджы фенд .вдынумæ заердæйы кæрон ныццавта. Мæ хъуыдь1тæ,м^/к^дæмыты нае ахастрй. Цы ма мын базяад^.Инстдтух^фæраууррмæ^каст, фæуыдзы- н^ен æмæ стæи... Мæ сæры ныццауæзтой алыхуызон фарстытæ. Мæ фыцæй зæрдæйы æхцон æнкъарæнтæ ’спæр-пæр кодтой. Æххæст йæ зæгъын уæндгæ дæр нæ кæнын, фæлæ уыцы рæсугъд чыз- джы 1 нанайæн исчердæм куы фенын кæнин. Уæддæр алы- хатт йæ ныхас уый вæййы: горæттаг къæбутдаст чызг, дам, 189
ме знаджы уæзæгыл дæр ма фенон!.. «Уый та дын горæттаг чызг», — зæгъин нанайæн æмæ йын æппæты фыццаг равдисин йæ дзыккутæ. Мæ цæстытыл ауаид, нана цыма чындзы йæ хъæбысы ныттыхта, ныббуи дзы ис, афтæмæй йын дзуры: — Дæ ныййарæг мады сæрвæлтау — мæ сæр, мæнæн ахæм чындзаг чи схъомыл кодта! * * * ...Уæдæ цы фæуыдаид уыцы чызг? Ныр ыл кæдæй ардæм мæ цæст нал схæцыд. Иу бон та мæм фæскуыст амонд йæ мидбылты фæхудт. Мæ сæфт хуры хай йе ’мбал чызгимæ рацæйцыд. — Динæ, — мæ хъустыл ауад,—’йзæбæх чы’зг дæ, фæлæ, цыма, чысыл цардæй фæсте аззадтæ. — Æмæ уæд цæмæй бæрæг у? — бафарста Динæ. — Дæ алфæмблаймæ нæ кæсыс, ахæм сау æмæ даргъ дзыккутæ модæйы нал сты... Уыцы чызджы дзырдтæм мæстæй мæ дæндæгтæй къæрт- тытæ ахаудтой. «Динæ, дæ хъусты къæрмæджытæ бакæн! Динæ, дæ хъусты къæрмæджытæ бакæн! Зæгъ: «Ницы фехъуыс- тон!»— бафæндыд мæ ме стъалыйы раз æрхауын æмæ ныл- лæхстæ кæнын. Фæлæ чызджытæ уæдмæ ацыдысты. Æниу Динæйы мæ фæдзæхсын цæмæн хъæуы, уый ахæм æнæ- рхъуыды ми нæ бакæндзæнис... * * * ...Уæдæ та цы фæуыдаид уыцы чызг, æппын æй сымахæй дæр ничи федта? Уымæн уыд даргъ дзыккутæ, сатæг-сау сæрыхъуынтæ. Мады хуылфы ахæм рæсугъд никуыма сæв- зæрд. Уæд та нæм амæйразмæ цехмæ’куынæ ’рбацыдаид, Бонтæ дæр уызыны цыд кæнынц, ныддаргъ сты. Æниу,. цыма, кæцы бонмæ кæсынц æнхъæлмæ? Хæрзаг ма зæгъат, мæлæты усгур лæппу! Куьшæ уын æрлæудзынæн чыз’джы раз уæндонæй, куынæ йын зæгъдзынæн: «Гъеуæд æмæ гъе- уæд, уыцы сахатыл фембæлæм театры фæзуаты, кæнæ — Къостайы цырты цур!» Уымæй уын мæхйцæй ’нæ раппæл- дзынæн. 181
...Абон мыл æрцыд дыууæ хорзы, мастер мæ феппæлыд — сæдæ фæндзай процентæй, дам, сæххæст кодтай дæ боны нормæ. Уый уал — иу. Искæмæн нæ, мæхицæн кусын, стæй ма дæ исчи æппæла, уымæй хуыздæр цы ис? Мæ зæрдæ цинæй байдзаг. Фæлæ уæддæр уыцы чызг, уыцы «мæли- наг!..» Ныр ыл мæ цæст кæдæй ардæм нал схæцыд. Къуту- йы бын æй бачындæуыд? Нал фæзынд. Дыккаг хорз мыл æрцыд куысты фæстæ. Мæ цурты æрбацыд Динæ. Уыцы хъылма чызг та ацы хатт дæр цыд йæ иувæрсты! Динæйы куы ауыдтон, уæд мæхимидæг ныф- сæрм дæн. — Динæ, лæппутæ дыл сæ мæрдтыхъис бахæриккой, ахæм рæсугъдæй ма чысыл фæстæзад куынæ уаис, уæд! — уыцы чызг та йын дзуры. — Æмæ уæд цæмæй дæн фæстæзад? — иухаттау та ныр дæр сабыргай бафарста Динæ? — Мæ фыды мад дæр нал дары ахæм даргъ къаба! — нытътъæнг ласта хъылма чызг. — Сылгоймагæн хъуамæ йæ хъуыртæ зыной, уый йын фидыц дæтты. — Æмæ дзы уæдæ æфсарм нал ис? — йæхи нал баурæд- та ме стъалы.- Уыцы дзырдтæм мæ зæрдæ цыдæр æхсызгон хъыдзы бакодта. — Уый бæсты фæйнæрдæм акæс, — мæ хъустыл ма ауа- дысты уыцы къленц чызджы фæстаг дзырдтæ æмæ фæау- уон сты. Æз та иудзæвгар æдзынæгæй баззадтæн. Стæй мæхи- мидæг сдзырдтон: «Ма байхъус, Динæ, уыцы къуыдипп чызгмæ! Дæ хъусты къæрмæджытæ бакæн. Зæгъ: «Ннцы фехъуыстон». Уадз æмæ уый цæуæд къæбутдастæй, гом- риуæй, гомзæнгæй! Динæ, мæхи Динæ, ды нанайы чындзаг дæ!» Æниу Дпнæйы мæ фæдзæхсын цæмæн хъæуы, уый ахæм æнæрхъуыды ми куыд бакæндзæни? ...Дæ хъул тулы, Хазби, дæ хъул! — уыцы бон куыддæр цехмæ бацыдтæн, афтæ мыл амбырд сты ме ’мбæлттæ, ар- фæтыл мын схæцыдысты. Æз фергъуыйау дæн. Мæ хъуы- дытæ мæ кæдæмты нæ араскъæф-баскъæф кодтой: ’Æвæц- дæгæн мын уыцы чызджы сразы кодтой». Фæлæ куыд, гъе- ныр æрра нæ дæн?! Хатæг никæй арвыстон... Æрæджиау ме "мбæлтты афарстон: ^Цы хабар у? — Заводы дирекци дæ Мæскуымæ ’рвиты æхсæзмæйон дурсытæм. Цы дын у, иучысыл столицæйаг «воздух» дæр 182
сулæфдзынæ, — хъазынц ме ’мбæлттæ. — Афтæтæ ма кæд кодтой? — дисгæнгæ афарстон æз. — Уыдон афтæтæ рагæй кæнынц? фæлæ цы, уый зоныс? Ды дæр та Мураты ми ма бакæн, уый дæр нæ æнæчындзæх- сæв фæкодта. — Æмæ уæд цæуылнæ? — афарстон сæ. — Цæуылиæ куы зæгъай, уæд нæхи хъазхъуыртæ цы хъуамæ фæуой? — Дæу нæ хъазхъуырты мæт нæй, Ахбол, дæу Хазбийы чындзæхсæвы мæст нс, цæмæЛ лын ма анрвæза, — дзырд ай- ста чидæр. * * * - Æвæццæгæн мæ мæ хуссайраг хуры уарзт йæхигдæ куы- нæ ’лвæстаид, уæд мæ æнцонæй мæ къах Мæскуыйæ нал рахастаид. Поездыл куы сбадтæн æмæ Мæскуыйæн хæрзбон куы загътон, уæд та ногæй мæ цæстытыл ауад Динæ... — Кæд нæм афтидæй æрцыдтæ, уæд нæ куыд æнхъæ- лыс! — куыстмæ куыддæр бацыдтæн, афтæ мыл ме ’мбæлт- тæ æрбамбырд сты. — Цæмæн уæм æрцыдтæн афтидæй, мæнæ уын «подуш- кæ» къаффеттæ æрхастон, — хъазын æз дæр. — Уый дæ нæ домæм, фæлæ дзы æппын иу рæсугъдыл дæ худ нæ фехстай, дæ худ?! — Ныр та иннæрдæм цæгъдынц сæ пластинкæ. — Куы цыдтæн, уæд мæ уæхæдæг куы бафæдзæхстат, Мураты ми, дам, ма бакæн, уæ дзырды сæрты куыд ахыз- таин? — хъазын æз дæр æмæ Динæ мæ зæрдыл æрбалæууыд. — Уымæн дæр лæг хъæуы! — чидæр мыл йæ уайдзæф ныххуырста. — Æ, уæ сæгъ мæ куыд скодтат, уæ сæгъ! Лæхстæ мын куы кодтой, дæ хурджын Кавказ, дам, нын фенын кæн... — Æмæ дзы демæ цæуылнæ искæй ракодтай? А-дæхи мæт ма ’ркæн, фæлæ дзы мæнæ ацы «æвзæрæн» иу уæддæр ракодтаис, — æрдæбон мæ чи схъазыд, уымæ фессæстой. — Уый дæр хорз, фæлæ уæхимæ та цы хабæрттæ ис, исчи уæм чындзы ацыд, кæнæ уæ исчи ус æрхаста? — Фæи- дыд мæ, Динæ цы фæцис, уый базонын. Мæ фарст кæронмæ нæма фæдæн, афтæ нæм æрбацыд иу æрыгон чызг, йæ къабайы риутæ дардыл зылд. Мæстеры та агуырдта. Мах нæ хъазын фæуагътам. Чидæр мын æм ацамыдта. Мæн йæ фæдыл акæсын нæ фæндыд, фæлæ мæ 183
«къахинаг цæстытæн» цы загьдæуа! Динæйы æнгас мæм фæкаст уыцы къленц чызг. Фæлæ Динæйы коймæ мæхицæй фефсæрмы дæн, уый ахæм уагмæ цы фыдбылызтæ фехсой- дзысты: уæрджытæ кæм фестæвдтæ сты, къаба уый онг дæр нæ хæццæ кæны, къæбут даст, бæрзæйыл бæрæгæй зынд, сæрдасæны æрмдзæф, йæ дзыккутæм ахорæн кæм æгæр ба- ирвæзт, кæм та «зынгдзæф» фесты, ныхъхъулæттæ сты, йæ былтæ—«тугахуырст». Йæ ныхтæ, хъæрццыгъайы ныхтау, рауагъта. Иудзырдæй, фæстаг «выпуск» кæмæй фæзæгъынц, ахæм. — Æвæццæгæн дзы Мæскуыйы нæ уыд? — ме ’мбал мæ йæ рæмбынкъæдзæй æрбасхуыста. — Цы ныджджих дæ? — Ахæм дзы никуыма уыд! — æрæджийау сдзырдтон æз æмæ нана мæ цæстытыл ауад. Зæгъгæ йьш ахæмы равдис, уæд мын æй къæсæрæй мндæмæ бахпзын дæр нæ бауадзид. Динæйы дзыккугæ та мæ цæстытыл ауадысты. Дæргъдзæф къабайæ æмбæхст зырнæйзылд зæнгтæ та ног æрымысыд- тæи. Уæдмæ мастеримæ нæ цурты æрбацыд уыцы къленц чызг. Лæппутæ йыл сæ былтæ акъуырдтой. — Уæддæр Диыæ йæхицæн цы ракодта, уый ничи, — чи* дæр йæхи нал баурæдта. — Чи Динæ?! — афарстон æз, — æмæ йыл цы ’рцыд? — Модæты их! Кæсыс, куыд æй æрыхсæста, — сдзырдта ме ’мбал æмæ лæппутæ ныххудтысты. Æз бандзыг дæн, мæ бон сдзурын нал уыд, æрмæст ма мæ сагъæс уыд нана, ныр ма йын кæй фенын кæндзынæн? МÆ СЫХАГ Мæ сыхаг Хæсæхъо æд ус, æд сывæллæттæ царди чысыл тъогонайы. Нæ сын фаг кодта уыцы чысыл тъогона дæры- нæн, дæлæмæдæр æмæ уæлæмæдæр — фондз метры иуырдæм уыдис æмæ æхсæз метры та иннæрдæм. Уæхæдæг фæут тæр- хонгæнджытæ, æхсæз бпнойпггæн уый цас фаг уыдис? Фæ- лæ Хæсæхъойæн йæ хъуыдь*й& дæр нæ уыдис, хæдзар ара- зын æй кæй хъæуы, уый. Æниу афтæ æддейæ бакæсæг фæ- дзуры, æндæра Хæсæхъойы сæры цы цардбæллон хъуыдытæ зилдух кодтой, уыдон чи фæнымайдзæн? Фæлæ цыбыркъух лæг уыд æмæ йæ уæнгтæ йæхи куыд фæндыд, афтæ айвазын нæ фæрæзта. Æппæт уыцы мæгуырдзинады сæйраг аххосаг уыдис — Хæсæхъо кусын нæ уарзта. Куыстагмæ кастис, сæгъ!бирæгъмæ цахæм цæстæй кæсы, ахæм цæстæй. Куси- наг-иу кæм федта, уырдыгæй-иу йæхи дард аласта æмæ-иу 184
æм дардæй, стонг гæды фиумæ куыд фæкæсы, афтæмæй кастис. Цыдæр стыр бынæттæ йæ цæстытыл уадысты, цыдæр ныфс æй уыдис æмæ сæм уый д&р æнхъæлмæ кастис. Мæ сыхæгты мæгуырдзинадмæ кæсын мæнæн дæр æх- сызгон нæ уыдис, æмæ-иу сæ искуыдæй-искуыдмæ цæрдхъо- мæй куы федтон, уæд-иу мæ зæрдæ барухс. Æниу хъыг та кæмæн уыдзæнис, Хæсæхъойы къобор лæппу йæ уæлæ че- тæнæй хæдон куы скæна, кæннод дзабырты йæ къæхтæ куы атъысса, уæд? Фæлæ уыцы ницæйаг дарæсыл сæ нæ- уæгæй никуы бацин кодтой. Уыдонмæ-иу æрхаудтой алы хатт дæр зæрондæй, чи-иу сын фæтæригъæд кодта, уый-иу сын йæхи сывæллæтты зæронд дарæсы хæррæгътæ схуын. кодта. Хæдзары дзаумайæ дæр, чизоны, исчи афæрса. Иу æхсæв уым сбон кæнын уыдис цæрдхъом лæгæн афæдзæй- афæдзмæ ахæстоны фæбадыны хуызæн. Хæдзарæн дуары дыууæ фарс цы рудзгуытæ уыдис, уыдонæй дæр цалдæр^ азы рухсы цъыртт мидæмæ нал бакастис. Сæг сыл сбадтис æмæ æвгтæ сбур-бурид сты, æвæццæгæн, Мæди йе ’мкъай, ахъуыды кодта, уæддæр мæгуыр æмæ мæгуыр, хуры рухсæй дæр ма цы кæнæм, æмæ сæм йæ чъылдым сæздæхта, хæдза- рæн йæ рудзгуытæ чердыгæй уыдысты, уый йæ рох дæр фæцис. Хæдзары мидæгæй иу фисынæй иннæ фисынмæ уы~ дис рагон,' фыдæлтыккон тæрхæг арæзт. Æвæццæгæн, хæ- дзарæн йæ бон дзурын у æмæ йæ афарстой: æфсæйнаг сын- тæг цахæм дзаума у, уæд уый загътаид: æфсæйнаг сынтæг у хæринаг, фæлæ йæ æз никуыма федтон! Уыцы даргъ тæр- хæгыл рæдзагъдæй лæууынц, сæ зæхх кæмæн нал зыны, а*хæм хуыссæнты бырæгътæ. Æвæццæгæн та Мæди загъта: æндæр ницыуал цух стæм уыдонмæ зилынæй дарддæр, æмæ* чындзы куы ’рцыд, уæдæй фæстæмæ йæ хуыссæнты цъæрт- тæн дон æмæ сапон сæ «цæсты» кæрæттæй дæр нæ фенын кодта. Зæронд фæздæггæнаг пецы сæр уыдис аг æмæ йæ мæ бон равзарын нæ бацис, цы згъæры мыггагæй у — æфсæй- наг, алюмин, цæнгæт æви æндæр истæмæй. Æддейæ-мидæ. ’гæй цуайнаджы фарсы хуызæн ссис. Æвæццæгæн та Мæди. ацы хатт дæр загъта: æндæр ницы цух дæн, æуый хафынæй дарддæр, æнæ уый дæр мын хуыцау хорз цард куы раттид, афтæмæй дæр дзы хæринаг хомæй никуы баззадис! Æмæ- æцæгдæр <йæ мидæг, бинонты æхсæвæр, хъæдурдзæхтон пæлхъ-пæлхъ кодта. Электроны рухс кæд Хæсæхъойы хæ- дзармæ искуыцæй æрбакалд, уымæй дарддæр хæдзары къул- тæ, ахæм рухс цы у, уый нæма зыдтой. Бинонтæ се ’хсæвæр- кодтой фæтæгены цырагъы рухсмæ, æмæ уый дæр рухс схо- нæн кæд ис, уæд цынæ вæййы. Цырагъы авг йæ цæрæнбонты. 185
сæрфт никуы уыдис. Мæди хъуыды кодта, зæгъгæ, уыцы ^авг у трубайы бæсты фæздæгдзæуæн æмæ ныр уый куы ха- фин, адæм мыл худæгæй нæ бафсæдиккой! Фынгы хъуыддагæн хæдзары уыдис æртæкъа^ыг, нæ фыдæлтæ рухсаг уæнт, Хæсæхъойæн ма ахæм хæзна чи ныу- уагъта! Иæ уæлæ бæрæг-бæлвырдæй зындысты,. Хæсæхъо æмæ Мæди иумæ куы бацардысты, уæдæй фæстæмæ цыдæ- риддæр бахордтой, уыцы хæринæгты хуызтæ. Æвæццæгæн ыл кæд искуы къæвда æрцыд, уымæй дарддæр йæ уæлæ доны ’ртах калд никуы уыд йæ ахсыны тыххæй. Бандæттæй та Хæсæхъойы хæдзары чи фарста, уыдонæп дæр уьушс фынгау æртыкъахыгтæ, фæлæ ныллæгдæртæ. Стæй сæ фæй- нæджы гæбæзтæ дæр къ)аннæгдæртæ. Дæлæмæдæр æмæ уæлæмæдæр, кæд ахæм бандæттæ лæг ну бон æртиссæдз сарæзтаид, уæддæр дзы Хæсæхъойы хæдзар цæрæнбонты æртæйæ фылдæр нæма федта. Уыдоыæй дыууæ лæууыдысты дыгай къæхтыл. Къулæй ма цыдæр дзаума зындис, фæлæ йæ нæ равзæрстон, æвæццæгæн, уый йухатт уыдаид рæсугъд гауыз, фæлæ ныр къулимæ иухуыз райстой — уый дæр фæз- дæгмæ ссау. * * * ...Хæсæхъо æдзух зæронд палтойау хæдзары лæзæрыд, •фæлæ ныр иу къуыри уыдзæн, мæ цæст ыл никуыцæй схæ- цыдис. Уынджы æппынæдзух цы дойнаг дурыл бадтис, ууыл рыг сбадт. Иу бон ма йæ ауыдтон, йæ дæларм — цыдæр тыхтон, æвæццæгæн, искуы балцы уыд, æмæ йыл уый дæр нæ зынд... Дыккаг бон Мæди джиппæйфыст хъуымацæй ног къаба скодта, йæ къæхтыл дæр, къабамæ гæсгæ, ног дзабыртæ уыд. Цыма бæрæг фæхуыздæр, фæрæсугъддæр, фæгуырвидыцдæр. Иæ ныхасы хатт дæр чысыл аивта, фæ- уæздандæр æй кодта. Æвзæр ран ницæй тыххæйуал æрбад- таид, уæды онг-иу кæмфæнды фæтъæпæн уыдаид, уæлдай йын нæ уыд. Ныр аракæс-бакæс кæны æмæ кæм сыгъдæгдæр вæййы, уым йæхи уæздан æруадзы. Йæ джиппæйфыст къа- байæн счъизийæ тæрсы. Хæсæхъойы дæларм цы тыхтон уыд, уый канд Мæдийыл нæ фæзынд, сывæллæттæй ма кæмæндæр хъулон хæдон алхæдта æмæ йæ саби дæр йæ уæлвæд цингæнгæ йæ уæлæ акодта. Ныр уæртæ сывæллæтты ’хсæн йæхимæ иыззынди, иууыл ын йæ хъулрн хæдоныл куы цин кæниккой, уый йæ ’фæндыд. ’ Дзырд дардыл цæуы, фæлæ иу бон Мæди йæ хуыссæнты цъæрттæ ракалдта æмæ сæ баудæста. Иæхæдæг баздæхт 186
æмæ хæдзар æфснайыпыл ныдлæууыд. Цыдæр хорз хъуыд- дагыл, йе та хорз зондыл лæуд фæцис. Æппæты фыццаг уал рудзгуытæ ныхсадта хъарм дон æмæ сапонæй, стæй сæ сур кæддаджы гæбазæй ныххафта. Хæдзары къуымты, ахст цъиутау, хуры тынтæ аратæх-батæх кодтой æмæ Мæди дæр федта, уаты къуымты цы æнусыккон сæг æмæ чъизи уыд, уыдон. Иу цыбырдзырдæй, Мæди къæссавæлдæхт фæци. Чидæртæ йыл дис райдыдтой. Фыддæр та уый тыххæй, æмæ- иу æм искуыдæй-искуыдмæ искæйы пысулы зæронд куы ’рбафтыдис, уæд-иу æй фæдардта, цалынмæ ма-иу дзы йæ- хицæй, армы тъæпæны йас нæ баззади. Ныр йæ джиппæй- фыст къаба нал дары, абон та бынтон нæуæг къаба скодта æмæ ноджы хуыздæр, ноджы уæздандæр хъуымацæй. Чидæр ын æй, «вискоз» схуыдта, фæлæ Мæдийæ уайтагъд байрох йæ къ’абайы хъуымацы ном æмæ ма бæргæ бæллыд, исче- уылты ма йæ куы ’рымысид, фæлæ нæй æмæ нæй! Искæй афæрсын та йæ цæсгом нæ бахъæцыд. Цыдæрбуцдзинад, рогдзинад банкъардта Мæдийы буар йæ ног къабайæ. «Куьц фæлмæн у, стæй куыд уæздан, мæ буарыл нæ хæцы»,— хъуыды кодта Мæди, Сæ сывæллæттæ дæр бæрæг фендæр- гъуызæттæ сты канд пысултæй нæ, фæлæ ма сæ фæлурс уадултæ дæр фæсырхфарс сты. Хæсæхъойы дуæртты куыдз ницæй тыххæй иæ федтаис, ныр сыхæгты куыйтæ нымбырд вæййынц сæ дуармæ æмæ стджытыл кæрæдзи фехсынынц. Иу бон та сын Мæди æнæхъæн аджыдзаг хъаурма ныккод- та бæлæгъы, йæхæдæг Хæсæхъомæ баздæхт: — Алæбон дын æуый дзурын, сывæллæттæ хуыйыфыд нал хæрынц æмæ сын æй мауал хæсс! — æмæ уыцы мæстыйа аг пецы раз нытъæпп кодта. Хæсæхъо цыма стыр зылын- джын уыд, уыйау æуыцы æнæдзургæйæ сыстадис, дуар бакодта æмæ ацыд. Афтæ барон дæр нæ уыд, фæлæ а-фæ- стаг рæстæджы йæ усы ныхасыл дыууæнал загътаид. Стæй каст æмæ ус дæр иухатты сæмпæрчъи нал уыд, йæхи ных- садта, акалдта йе згæтæ. Хæдзары къуымтæн дæр рухс фе- нын кодта, рудзгуытæ ныссыгъдæг кодта, хæдзары цы уыл, уыдон бафснайдта, хæдзары къултæ чъырæй сцагъта, æмæ кæд хæдзармæ хорз дзаумайæ ницы-ма æрбафтыд, уæддæр усмæ дæр æмæ лæгмæ дæр сæ рагон къæс дзуарбадæнау фæкастис. Рæстæг зивæггæнаг нæу æмæ иу ран нæ баззайы. Зыл- дис цалхау æмæ йемæ хаста кæмæн царды хæрзиуджытæ, кæмæн та дунейы фыдбылызтæ. Кæй йæ къæхты бын ссæ- ста, кæмæи та кады цыртытæ арæзта. Хæсæхъойыл дæр ацы сыгъзæрин рæстæг йæ къухтæ йæ риуылæвæрдæй нæ цыд. 187
Хæдзарæй, бæрзæйæ бæзджын кæнын райдыдта. Иу бон йæ дуармæ дзæбуджы тъæпп-тъæпп, фæрæты къæрцц-къæрщ ссыд. Иу къуыри рацыд æмæ Хæсæхъойы ног финаг хæдза- рæй зарыны хъæр, агуывзæты къæрццæмдзæгъд цыд. Мæди дæр афтæ нæ фарс^ кæцæй цæуынц айæппæт, фæлæ Хæ- сæхъойы хæссинæгтыл сывæллонау цинæй мард. Иу бон кæйдæр æфсинимæ цæуылдæр фæдзурыныл æмæ йып алывыдтæ фæкалдта: «æнæхсад», «æнæрæгъыдзыд», «фæсмыны хæрд» æмæ бирæ ахæмтæ. Диссаг уый у, æмæ йын сæ исчи йе ’взагыл садзгæ акодта, уыцы æнæрхæцгæйæ сæ кæрæдзийы фæдыл, нæмыгзгъалау, алæхурдта. Сыхаг дæр, мæгуыр, сдзурын нал сфæрæзта, афтæмæй фæцæуæг. Æрæджы та кæимæдæр загъд ёамадта, дис мыл бафтыд, зæгъын, кæимæ хыл кæндзæнис, мæ хъус адардтон æмæ йæ цуры цъиузмæлæг дæр никуы зынд. Æрмæст йæ къухы уæззау фæрæт æмæ сын цæрæнбонты цы æртæкъахыг фынг фæлæггад кодта, ууыл дзæхст-дзæхст ралæууыди. Фыдæлтæ та, кæд арфæйаг уыдысты, ахæм дзаума сын кæй ныууагъ- той, уый тыххæй, уæддæр сын Мæди алывыд фæкалдта. Ацы фынг, зæгъ, чи сарæзта... Нæ бацауæрста йæ зæронд бандæттыл дæр. Нычæхх, ныммур сæ кодта. Енырмæ дæр сæ ныцъæл кодтаид, фæлæ Ригайæ цы хæдзары дзаумæттæ рафыстой, уыдон нæма хæццæ кодтой. Бинонтæ, мæнæ адæймаг цыдæр стыр бæрæгбонмæ йæхи куыд фæцæттæ кæны, сæхи афтæ цæттæ кодтой. Æмæ уыцы бæрæгбон дæр æрцыд. Хæсæхъбйы кæр’тмæ такси æрбатулы, сигнал радты, Хæсæхъо дæр та йæ размæ рауайы. Таксийы дуар фегом кæны, æмæ та уыцы стыр хытъынджын лæджы хæдзармæ хæссæгау бакæны. Афтæ Хæсæхъойы хæдзармæ уазджытæ æрæмбырд сты. Æхсæв-бонмæ Хæсæхъойы сы- хæгтæй иу цъынд ничи акодта, бæсты цъар сæ сæрыл истой Хæсæхъойы уазджытæ. Чи сæ заргæ кодта, чи кафгæ, кæс аемæ ды уыдонмæ!.. чДыккаг бон мын чидæр сыхæгтæй адзырдта, Хæсæхъо- мæ, зæгъ, горæты базарады хайады кусджытæ уыдысты. Хæсæхъойы ном æгас горæтыл айхъуыст, уымæй хæлардæр, уымæй кæрдзындæттондæр, зæгъ, æвæццæгæн, дунейы нæ уыдзæнис. Æмæ ахæм дамтæ ауагътой таксийы шофертæ, хæрæндæтты æмæ магазинты кусджытæ... Мæди дæр дын, зонгæ та сæ кæуылты бакодта афтæ тагъд, цынæ хæринаджы кой дын ракодтаид, цынæ хорз товары ном дын загътаид, стæй йæм æфтгæ та кæуылты кодтой, магазйнты’дзы куы никуы фæзыны, уæд? Хæсæхъойы хæдзар æнæаргъ хæрæндон фестадпс уыцы 188
хытъынджын адæмтæн. Æмæ мара зæгъ, æмæ сыл искуы ус кæнæ лæг сæхи атигъ кæной. Фарны уазæгыл куыд бацин кæнынц адæм, афтæ-иу сæ «уазæгыл» бацин кодтой. Бон боны ивта æмæ иу бон Мæди цæуылдæр схъуын- тъыз, донгуыбын мигъæй хъауджыдæр нæ уыд. Фæкъæртт кæнынмæ йæ бирæ нæ хъуыд. Цæуылдæр сасæста, фæлæ цæй аххос уыдзæн? Кæд та, мыййаг, искæуыл хорз дарæс федта, æмæ ууыл мæсты кæны, ома йæ кæйдæр æнæхсад ус мæ разæй цæмæн скодта, уæд-иу афтæ уыдис. Фæлæ ныр æндæр цæуылдæр тыхсы, бакæс-ма, йæхицæн бынат нал ары, абондæргъы цалдæр фæлтæр ивд акодта йæ дарæс, æмæ цалдæр хатты кæдæмдæр, æнæдзургæйæ, ацыд. Кæдæм уый зæгъгæ дæр никæмæн кодтаид æмæ йæ уый тæсæй фæрсгæ дæр ничи кодта. Ам та Мæдийы кæд чи федта, цы хъуыддаг æй уыдзæнис. Горæты милицийы агъуыстæй мæ- стыйæ, тыфылтæкалгæ рацыд æмæ дæлæ ахæстоны ’рдæм фæцæуы, йæ къухы цæйдæр гæххæтт. Æвæццæгæн йæ куыр. диат, зæгъгæ, мын æй фенын кæнут... Фæлæ диссаг, Хæсæ- хъо та кæм уыдзæнис, ныр æнæхъæн къуыри уыдзæн — йæ хæдзарæй зарды хъæр нал райхъуыст, стæй уый йæ рæсугъд усы уынгты дзæгъæл хъеллау кæнынмæ куы никуы уагъта. Уæлдайдæр Хæсæхъойы удхæсджытæ милици æмæ ахæстон уыдысты, æмæ ныр йæ ус дыууæмæ дæр фæндæгтæ снадта. Уæдæ кæм уыдзæнис Хæсæхъо, кæд та Уырысмæ истытæ ласынмæ ацыд? Бонтæ цыдысты, рæстæг сæ фæстæ згъордта. Иубон га- зет йæ тæнбазыртыл æрбахаста æнахуыр уац «Фыдгæн- джытæ Н-ты Хæсæхъо, Н-ты Сардо, Н-ты Милдзых æмæ æндæртæ ахст æрцыдысты, паддзахады исадæй иу миллион æмæ æрдæг сомы кæй,ныппаплой кодтой, уый’ тыххæй». — Æмæ уырнгæ та кæй бакæндзæн, уырнгæ? Мæди ма- иу кæй федта, уымæн æуый дзырдта хъуынтъыз, кæуын- хъæлæсæй. — Лæджы рæстæй баппæрстой! Æниу дзы уый бирæ нæ абаддзæн, хæлæрттæ йын бирæ ис. — Фæлæ уы- цы «хæлæрттæ» дæр æрбатарытæ сты. Ничиуал сæ разынд.
ДЫУУÆ ЦЪЫЧЧЫ Знон дæр-ма сæргуыбырæй Рыст мæ зæрдæ дæ кæрзынмæ.., Ныр ма дын циу: ыслæг нын дæ Дæ цæхх æмæ дæ кæрдзынæй! Знон дæр-ма «фæллад» уыдтæ Хус къæбæртæ æвдæрзынæй. Ныр фестадтæ фæрныг хæдзар Дæ цæхх æмæ дæ кæрдзынæй. Знон дæр-ма, мæллæг сæныкк, Рыст мæ зæрдæ дæ хъæрзынæй! Ныр айгæрстай уæрæх фæндаг: Дæ цæхх æмæ дæ кæрдзынæй! Зн’он дæр-ма дæ мæгуыр уд Тарст арвы цъæх æмбæрзынæй! Ныр байдзаг дæ, «фæрæзджын» гуырд, Дæ цæхх æмæ дæ кæрдзынæй! Знон дæр-ма нæртон куыстæн Дæхи хызтай йæ карз-зынæй! Ныр давджытæн ныфсы лæг дæ Дæ цæхх æмæ дæ кæрдзынæй! Знон дæр-ма фæлитойæн Тæрсгæ кодтай йæ номæй дæр! Ныр абады зынг хуры цур Дæ хин-зæрдæ йæ коймæ дæр.
НОГ АРАЗÆН ÆРМÆГ Пластмас æмæ, дам, авгæй Аразынц хæдзæрттæ, загътат? Æз нæуæг æрмæг ыссардтон! — (Æмæ сыстад кувгæ фынгæй) — Сты мæ хæдзарæн йæ къултæ Сау бæгæныйæн йæ фынкæй! РИФМÆТÆ ХУДЫНЦ Гæртамхор загъта: «Ныр мыл уадз фыссой, Мæ хæдзары фаг и Æхца, дарæс, сой». Иучидæр къæйныхæй Адæмæн æппæлыд: «Уæ дзыппыты фæрцы Мæ къуымты ’ппæт уыд». * * * Мæнæн, дам, мæ ном дæр, Уымæн у Артур... Хъуамæ, дам, сымахæй Æз кæнон халтур. Захъайы, дам, даргъхъусджынтæ Ерыс кодтой уасынæй. Цхинвалы та подхалимтæ, -— Къæхтыбынмæ ’ртасынæй. Й!
* * * Цылынмæ нæ давта — Никæмæп нæ «барста», Ныр ныгъуыли цъиуау, 'Мбæхсы махæй Парса. Йæ кусгæ бон райдайы: Ног хабæрттæ кæсынæй, Æмæ кæны хъаны цард. - Фæрсылæй... Уæйгæнæг æппæлыд 'Фсæйнаджы гæбазæй: Уый, дам, у фæлмæндæр Пакъуыйæ конд базæй. Бухгалтерæн хион нæ уыд — Ревизор æм дард уыд. Хъаст дзы кодта: / Йæ лæвар, дам, дард уыд. , КЪÆЛÆТДЖЫНÆЙ-КЪÆЛÆТДЖЫНМÆ Исмел йæхицæй афтæ фæзæгъы, æз, дам, райгуырдтæн амондджын стъалыйы бын. Иæхи афтæ хоны, æндæра йæ мах амондджын лæгæй нæ зонæм. Æниу йæхи амонд- джын цæмæн хоны, уымæн дæр ис, куыд фæзæгъынц, ах- хосæгтæ. Гъе, стæй йæ мах æнамонд цæмæн хонæм, уымæн дæр нын ис цыдæр хъуыддаджы къух бакæнæн: иу бынаты дæр нæ фидар кæны. Цæвиттон, Исмел йæ царды дæргъы нырма дæлдæр бы- наты никуы акуыста. Æдзух ахсы разамонæджы къæлæт- джын. Гъе, æмæ. Исщел йæ карьерæйыл ’куы ахъуыды кæны, уæд йæхи фæхоны амондджын: ^Иæ цæст рахæссы йæ^царды фæндагыл-æмæ йæхимидæг ныббуц вæййы, кæм æмæи цы бынатЬ? йæ куыста, цынæ- хуызон къæлæтджын бандоныл æрбадтис — амæй-ай фæл- *??т
мæндæр, амæй-ай бæрзонддæр, амæн-.ай цытджындæр. Куыд- нæ хъуамæ уа буц Исмел йæхицæй амондджын стъалыйы бын райгуырд! Цæргæ-цæрæнбонты хъаны цард кæнгæйæ, царды ден- джызы ленчытæ кæны. Ныр дæр та Исмел ахсы иу фæл- мæн къæлæтджын, æрæджы йæ сæ къухы æлгътыл æрба- хастой æмæ йæ уæзданæй æрбадын кодтоп... — Уый дын, Исмел, къæлæтджын, — загътой йын, — хъахъхъæн æй, дæ бынат ам уæддæр æрхъарм кæн, ма раст- баст, ма рафт-бафт кæн, кæннод та дын ыл исчи абаддзæн. Исмел сын зæгъгæ ницы кодта. Æниу ахæм рæстæджы йæ цæрæнбонты дзуапп, топпы нæмыгау, ивтыгъдæй дары: ома уæд сымах ам не стут! Фæлæ ныр йæхиуыл ныххæ- цыд... Исмел нæ уарзы, иу къæлæтджынæй куыд фесхъиуы æмæ иннæ кæлæтджыныл куыд февзæры, уый тыххæй дзу- рын. Лæг йæхи дарын хъуамæ зона. Фæлæ ис Исмелæн дæр йæхи хæлæрттæ, йæхи лæгтæ æмæ йын исчи куы раарфæ кæны йæ ног бынты тыххæй, стæй йæ куы афæрсы, зæгъгæ та ацы бынатмæ кæцæй æрбафтыдтæ, ацы куысты специ- фикæ зоныс? — уæд Исмел сæрыстырæй дзуапп ратты: — Æз цæрæнбонты макулатурон (ома номенклатурон) дæн, æмæ ахæм кусæджы.уынгмæ кæм аппардзысты! Ахæм дзуаппы фæстæ йемæ дзурæг тынг ныххуды, æмæ та йæ ногæй афæрсы: — Уæддæр цы дæ, Исмел? — Макулатурæ кусæг, æндæр цы хъуамæ уон?! — Ницы, ницы! — фехъусы Исмел, фæлæ йын йæ дзырд ничи бараст кæны. Науæд ын æй цæмæн хъæуы бараст кæнын, Исмел цахæм кусæг у, уый йæхæдæг нæ зоны?! АФТИД РАЗДЗОГ Мæ хæлар, хъуыддаджы лæг хуымæтæджы нæ дæ... Дæ доклады бæллыс, хъуыддагыл дзурыс... Дæ къухтæ тилыс, цыма дæ бындзытæ сурыс, Ды уасæгау хъæрæй фæу^сыс: — Саразæм, бакусæм, ферналæм, феггуырсæм! Æмæ æмткæй куы бавналæм куыстмæ, Уæд дзы дæхи дард фæла^ыс! 13. Харебаты Л. ч!93
ХАХУЫРГÆНÆГ ФЫССÆГ Уæллæй, лæгау-лæг нæм фæзынди, Стæй цы критик у, цы?! Уæхи дзы хъахъхъæнут, х’елæрттæ, Кæннод искæуыл хæцы! ÆХЦАУАРЗАГ. Нæ уыд æхца йæ къуым, йæ дзыппы, Фæлæ йын уыд æмгæрттæм кад. ...Иæ дзыпп ныддымст, уый хыгъд йæ номы Бынтондæр нал баззад бæркад! НЫРЫККОН ДОХТЫР Дохтырмæ цæуын мæ бахъуыд Рыст мæ сæр, тъæппытæ хауд. Радта мын гуыбыны хостæ, Æмæ æнæмæтæй ысбадт. КАРДЫ БЫН «УÆУУЫТÆЙ» НÆУ’ Хилдасæджы раз æрбадтæн, Адас мæ, зæгъгæ, куырдтон. ’Нæтугæргæвст мæ фæкодта Æмæ сабиау куыдтон!
ДАМ-ДУМГÆНДЖЫТÆ Афтæ æнхъæлут æмæ æз мæ цардæй хъаст кæнын?! Нæ, нæ! Уый макуы зæгъут. Æз ме сфæлдисæджы æлгъитын, къæрцхъусæй мæ кæй сфæлдыста, æрмæстдæр уый тыххæй. Агъати æмæ Пъеламæ мæ кой цæмæн æрхаудта? Науæд бакуырм сты, куыднæ мæ федтой, стæй сын æз сæ дзырд- тæ- цæмæн фехъуыстон? Уый æнхъæл та кæд уыдтæн, æмæ уыдон искуы мæ фыдкой ракæной!.. — Нæуæг хабар нæ фехъуыстай? — райдыдта Агъати! — Куынæ, цы та уыдис? — йæ хъустæ фæхъил кодта Пъела. — Уас йæ ныййарæгæн мачиуал баззайæд, кæд Сæли- йы ныййарæг цъæх калм ныййардта, цъæх калм!.. Сæлийы коймæ æз дæр мæ хъустæ фæхъил кодтон. Уый æз дæн, мæ ном мын дзурынц, фæлæ цы аххосджын фæ- дæн? Уæдмæ та мæм æрбайхъуыст: — Мæзæрдейæ, йе ’фсины йæ дзыккутæй къуымты фæ- ралас-балас кодта, йæ урс дадалитæ йын бындзыггай ныт- тыдта! — дзуры Агъати. — Æмæ дæм Сæлийæ уый диссаг цæмæн кæсы, чызгæй дæр афтæ куы уыдис, — ныхас айста Пъела. —'Афтæмæй йын цы хорз мой ис, цы хорз мой!.. Уас амонддæттæгæн цы загъдæуа, кæд ахæмтæм цы амæндтæ æрхауы! Адæм æндæр дзырд нæ кæнынц, пайдаджын лæг æй хонынц! Фæлæ йын уыцы фæстæмæкъахджын йæ рæсуг дон змæнты!.. Иухатт, дам, адджынæн йæ бинонтимæ æх- сæвæр никуы бахордта. — Æмæ уый афтæ куынæ уаид, уæд ма искуы Хаси- йыл иту æвæрд хæлаф фен! Сæли та æдзух кæсæны раз мард у, йæхи бибитæ кæнынæй не ’фсæды. Уæвджийæдæр, иуæй-иу лæгтæ цытæ дарынц, цытæ! Дæ ус стъалыйы хуызæ- нæй куы цæуа, уæд ын афтæ цæуылнæ хъуамæ зæгъай: Усай, .195
дæхи бибитæ кæнын фæуадз æмæ чысыл дæ хæдзармæ дæ къух фæдаргъ кæн!» — Фæлæ алцы дæр лæгтæн сæхицæй цæуы. Æз сæм сабыр хъуыстон, æнхъæлдтон, зæгъын, мæ кой нæ кæндзысты. Сæлитæ бирæ ис, чи зоны, кæуыл дзурынц. Чизоиы ис æцæгдæр ахæм Сæли, не ’фсинмæ йæ къух чи райста. Чизоны ис ахæм Сæли, æмæ йæ бинонты фыцгæ агмæ никуы ныккæсын кодта. Чизоны ис ахæм Сæли дæр, æмæ хæдзары мæт нæ кæны, æдзух йæхи бибитæ кæныныл бахъæуы. Фæлæ Хаси та? Уый мæ мой у. Кæдæм ахæццæ сты? Цæмæн сæм æрхаудтаид йæ кой? Мæ цардæй сæ цы хъæуы? Уæдæ мын æфсин дæр ис, мой дæр, сабитæ дæр. Æмæ мæ зæрдæ мæхимæ ницæмæй æхсайы. Уæд сæм мæ царды кой цæмæн æрхаудта? Кæд, мыййаг, мæ мой искæ- мæн исты рахъаст кодта? Æмæ йæхæдæг уыдæттыл куы худы. Ме ’фсин искæмæн исты рахъаст кодтаид, æмæ æв- зæрæй цы хъуамæ зæгъа, уатæй зæхмæ рахизынхъом куы- нæуал у. Хæрзæхсад, хæрзитугондæй йæ куы дарын, æдзух мын афтæ куы фæдзуры: «Мæ фырт Хасийæн кæй балæг- . гад кодтон, уый мын ды дæсæвæрæй фидыс, мæ чындз». Уæдæ мæ мой дæр афтæ æгуыдзæгæй куынæ цæуы. Цы ма уыдаид, цæмæн кæнынц Пъела æмæ Агъати мæ царды кой? Уæдмæ та мæ хъустыл ауад: — Мæзæрдейæ Сæлийæн хæдзары мимæ йæ астæу, нæ тасы, хæринаг дæр, дам, ын æдзух йæ мой фæцæттæ кæ- ны, — сдзырдта та Пъела. — Æмæ чызгæй дæр афтæ куы уыдис, астæумæ фаджы- сы дæр-иу сбадтаид æмæ-иу афтæмæй кæрдзын хъуамæ хордтаид! Нæ йæ хъуыды кæныс? Афтæ æнхъæлыс, къæс- -савæлдæхт фæци. Уымæй дæр ма дын дзæбæх сæрбос куы фæуа, уæд цынæ вæййы, фæлæ уыцы къуырма лæгæй цы домыс? Уый къухы æгæр дзæбæх дæр у! — Лæг хуыцау куы зæгъид! — сдзырдта та Агъати, — æмæ нырмæ арвмæ кæй систой, мæ уыцы лæджы мын цъы- фы атъыстой. — Уæддæр ма Сæлийы цæрæнбон бирæ. Чы- сыл æй адæймаджы хуызæн ракодта, æндæра цы уыдис, цы, Хаси?! Нæ йæ хъуыды кæныс? Канд нæ курсы нæ, фæ- лæ æгас институты дæр уымæй дæлтъурдæр искæй зыдтай? Мæхимидæг сагъæсты ацыдтæн: цымæ Хасийы та цæ- мæн æфхæрынц, институты йыл ахуырæй куыничи тых код- та, йскуы-иу искæй исты сæр куы бахъуыд, уæд-иу сæ фыц- цаг фæдисон Хаси куы уыд. Науæд æм Пъела дæр æмæ , Агъати дæр цал хатты æрбацыдысты лæгъстæ кæнынмæ, нæ курсон куыстытæ, дам," нын сараз, сæфæм, дам, Хурыл 195
æмæ йæ мæйыл куы барстой, уæд сын ныр уымæй дæлтъур- дæр ничиуал ис?! Уæдмæ автобус дæр æрлæууыд æмæ æз’дæр æрхызтæн.' Агъати æмæ Пъелайы ныууагътон’ мæ кой кæнгæ, мæхи- уыл ныххæцыдтæн, ницы сæм сдзырдтон, се ’рд’æм кæсгæ дæр нæ фæкодтон. Мæ кой кæнынæй куы сфæлмæцой, уæд’ дæр нæ банцайдзысты? Æрмæст æз та къæрцхъус цæмæн фæдæн, уый тыххæй мæхи æлгъыстон. СТЫР АХУЫРГОНД Ме ’мбал уæлдæр ахуыр куы фæци, уæд-ма ноджы иу стыр горæты æртæ азы фæцахуыр кодта æмæ ныр æрыздæхт. Рауад стыр ахуыргонд. Уырдыгæй дæр мæм хъуыст, тынг курдиатджын, дам, у. Æниу мæ искæй ныхас цæмæн ба- хъуыд, мæхæдæг дæр æнкъардтон, уымæ кæй æмбæхст цы- дæр сусæг курдиат. Ныр та сæрæгасæй нæ кæрæдзийыл фембæлдыстæм... .Уал азы кæмæдæрты куыд цъус зынынц, афтæ цъус дæр не сты, гæнæн ис, æмæ адæймаджы царды æрцæуа бæрæг ивындзинæдтæ. Бынтондæр фендæр ме ’мбал Вилон дæр. Æыиу Вилонæн ивындзинад æрцыд, æгæрстæмæй, йæ номы дæр. Уый Вилон нæ, фæлæ ныртæккæ хуыйны Вилонти. Вилонтийæн ма æз та цы сæрмæхæссинаг дæн, фæлæ мыл бынтон йæ къух сиса, уый дæр æй нæ фæнды. Уый та уый тыххæй, æмæ хъуамæ бастдзинад дара искæцы жур- налистимæ. Вилонти зоны, журналисттæ ногæй æмæ хорзæй цы фенынц, уый уайтагъд райдайынц пропагандæ кæнын. Вилон та... 0, бахатыр кæнæд, Вилонтимæ та ныртæк- кæ ногдзинæдтæ — хъуырмæ... Æрæджы мæ сæхимæ фæ- хуыдта: — Мæ хъустыл æрцыд, — райдыдта Вилоити лыстæггай луарын, — зæгъгæ ды дæ хорз журналист (уæ хъус ма йын дарут. йе ’взаджы ахастмæ, æз дам, фехъуыстон... æртæ азы размæ дæр-ма мæн Вилонти зыдта журналистæй, «хорз» æви «æвзæр»-æй, уымæн ницы нысаниуæг ис, ныр цалдæр азы рацыд æмæ мæн тыххæй «фехъуыста», цыма, æз дæн хорз журналист, уæддæр бузныг хуыцауæй; Вилонтийыл ма хъустæ кæй ныууагъта, бирæтæ хъусгæ дæр нал фæкæ- нынц). — Дæ къух, дам, цы уацыл бафыссыс, уый, дам, адæм бакæсынц тынг цымыдисæй, — дарддæр дзуры Ви- лонти. — Йæ дзырдтæм хъусгæйæ, бæрæг у, йæхæдæг газет нал кæсы, æмæ раст кæны, дыууæ цæстытæ сты, дыууæ та хъустæ. Иæ цæстытæ цæмæн бафллайын кæна, уадз æмæ 19Г
хъустæ хъусæнт, кæннод ын ныстыртæ уыдзысты. — Уый цы хуызæн хабар вæййы, уымæ гæсгæ — йæ кæ- сæг дæр. — Дзурын Вилонæн. Нæ! Нæ! Вилонтийæн. — Уæдæ куыд æнхъæл дæ, æз æм хуымæтæджы фæдзырд- тон, мæнмæ дæр ис, адæм цымыдисæй цы бакæсой, ахæм стыр хъуыдытæ. Æвзæр нæ уаид, куы сæ спайда кæнис, уадз æмæ адæм зоной, се ’хсæн кæй цæры, антикон дугты цы философтæ цард, уыдонæй иу. — Уыцы ныхасмæ Вилонти йæ фыссæн стъолы лагъзæй систа, хурмæ чи ныббур, иу ахæм тетрадь æмæ мæм æй арæхстгай æрбалæвæрдта. Тынг мæ сцыбæл кодта Вилонтийы хурмæсыгъд тетрадь æмæ йæ зыдæй райдыдтон кæсын. Стæй куыднæ. Чи уæ нæ бакæсдзæн Сократ, Платон, Цицерон æмæ æндæр антикон философты фыстытæ? Æз дæр, сымахау, алцæмæ цымы- дисгæнæг дæн, уæлдайдæр та Вилонти — нæ дуджы фило- соф мын бар радта, цæмæй йын æз бакастаин йæ тетрадь. Адæм мæнгæй нæ фæзæгъынц, фадат, дам, аразæг у. Ви- лонтийæн дæр фадат фæцис æмæ дзы лæг рабырыд. Р1æ тетрады цыбыр хъуыдытæ, фæлæ уыйхыгъд сæ мидис — арф. Дис мыл бафтыдта Вилонти, кæдæй йæм æрцыд уый- бæрц курдиат? Мæхимæ мæсты кæнын райдыдтон, уæдæ мæнæн мæ зонд цы нындзыг, гъе, стæй нырмæ цæуылнæ аргъ кодтон мæхи Вилонтийæн, мæхи философæн? Царды нæ баззад иунæг ахæм къабаз дæр, Вилонти дзы цæуыл нæ ныхъхъуыды кодта æмæ дзы уый йæ зондджын ныхас цæуыл нæ загъта. Мæнæ уын Вилонтийы зоыдджын хъуы- дытæй хицæн бынæттæ: © Цæмæй дыл хъыггаг куыдз ма фæхæца, уый тыххæй дæ къухы хæсс цымлæдзæг. Вилонти йæ ацы зондджын загъдауы сауæй банысан кодта дзырдтæ «хъыггаг» æмæ «цым». Уымæн цы ис базо- нæн? Вилонтимæ гæсгæ алы куыдзæй тас нæу, стæй лæдзæг дæр хъуамæ уа цымы хъæдæй. Кæннод тас у æмæ дзы хъыг- гаг куыдз ма фæтæрса. @ Стуртæн зымæгон бонты хъарм скъæттæ æмæ фаг холлаг куы уа, уæд уалдзæджы вæййынц нарддæр. Ам дæр та Вилонти сауæй банысан кодта дзырдтæ «хъарм» æмæ «фаг». Бæрæг у, алцæуыл дæр дзы лæмбы- нæг кæй ахъуыды кæны. ® Картоф цас ставддæр уа, уыйас у уæззаудæр. @ Айк æмæ каркæй чи раздæр равзæрд, уый бæрæг нæма у. Мæ хъуыдымæ гæсгæ сæ дыууæйæ раздæр фæзынд карк, уымæн æмæ æфтаугæ карк кæны... @Адæймаг æнæ кусгæйæ цæры, фæлæ æнæ хæргæйæ нæ цæры. 198
@ Дыууæ æмæ дыууæ сæ кæрæдзимæ куы бафтауай, уæд уыдзысты... — Вилонти дзуапп раттыныл не стагъд кодта, бирæ тæппытæ уал æрæвæрдта, ноджыдæр ма арф ахъуыды кодта æмæ стæй бафыста «цыппар». Иугæр Ви- лонти ацы фарстæн дзуапп ссардта, уæд æнæмæнг афтæ уыдзæн, æууæндын хъæуы нæ дуджы «Платоныл». © Цыппаркъахыг цæрæгойтæй алкæмæн дæр ис фæйнæ цыппар къахы. © Хур куынæ уаид, уæд бæстæ уаид талынг, æгæрыстæ- мæй-ма мæй йæхæдæг дæр рухс кæны хуры фæрцы. Философон тетрадь кæсын мæ йæ фæдыл афтæ асайдта, -æмæ Вилонти къæлæтджын бандоныл куыд афынæй æмæ пъолыл йæ тъæпп куыд фæцыд, уый нæ базыдтон. Фестад <æмæ йæ комивазыныл схæцыд, дзæвгар рæстæджы фæстæ йæхи куы ’рымбæрста, уæд мæм фæрсæджы каст æрбакод- та, ома куыд философ дæн а??? Æз тетрадь арæхстгай батыхтон æмæ сдзырдтон: — Бауырнæд дæ, Вилонти, дæ хуызæн дзы философ нæма уыд! Дæ зонд куыд аххæссыд ахæм арф логикон хатдзæг- тæ аразынын? Вилонтийæи йæ цæстытæ фырцинæй ферттывтой: —Бакæс æй кæронмæ, диссæгтæ дзы дæлдæр уыдзæн, диссæгтæ! Æз ма æрцыдтæн ахæм хъуыдымæ дæр, æмæ мыст гæдыйæ куынæ тæрсид, уæд хæрæгæй хуым бакæ- нид, — йæ ныхас балхынцъ кодта Вилонти. — Бузныг, Вилонти, бузныг, ды дæ нæ дуджы Сократ, Платон, Демосфен, Цицерон! — йæ ныхæн ын апъа кодтон æмæ рацыдтæн. Фæндагыл æз хъуыды кодтон Вцлонтийыл, нæ дуджы философон хъуыдыты «куырдадзыл», нæ дуджы «зонадон» кусæгыл. Уæддæр æмæуæддæр дискæнын Вилон- тийыл: æртæ азы дæргъы куыд тынг сфидар йæ хъуыды- кæнынад, уæдæ ма уый та куыд базыдта: дыууæ æмæ, дам, дыууæ дæр цыппар уыдзысты. Уæгъды нæ фæистой йæ ахуыргæнджытæ дæр мызд, тайæн сын фот, æрмæст нын иу фаг у... Æндæр нæ нал хъæуы. ЦЫМЫДИС Æз уыцы цæджындзы цурты бирæ хæттыты ахызтæн. Абон райсомæй дæр-ма мæм ницы уагæр цымыдис æвзæ- рын кодта. Ныр йæ алыварс адæм нымбырд сты, æмæ йын, йæ* цъуппыл цы гæххæтт ныхæст ис, уымæ сæ цæстытæ ныц- цавтой, фæлæ бæрæг уыд, уырдæм ын йæ фыст ничи æвзæр- ста. 199
Адæм мæ дæрддзæстæй" зыдтой, фæлæ йæ бакæсын мæ бон дæр не ссис. Уæдмæ адæмы цымыдис, æрвылхатт куыд> вæййы, афтæ кодта цырынæй-цырындæр. Алчи’’йæ’ хъуыд-1 даг ныууагъта æмæ тырны, цæмæй адæмы астæуты ахиз-' гæйæ, цæджындзмæ æввахсдæр бацæуа, фæлæ уый къухы’ æнцонтæй не ’фты. Цæстджынæй, æнæцæстæй уый куы базыдтой, афтæмæй нæ къухы ницы бафтдзæнис, уæд иу лæг йæ портфель ап- пæрста, йæ дыстæ басчъил кодта æмæ цæджындзыл хæрд- мæ райдыдта хилын. Бæрæг у, тынгныффæллад, фæлæ йæм уæдмæ бынæй дзурынц: «Æтт, æтт, бирæ дæ нал хъæуы, чысыл-ма, чысыл!» Чидæртæ та ахæм æгуыдзæджы куы федтой, уæд ма йæм мæсты дæр раисты, нæ ауæрстой дæр- зæг ныхæстыл: «Дæ бон нæ уыд æмæ дæ бынаты ныххау- даис!» Æппынфæстаг уыцы лæг схæццæ фыстмæ, бакаст æй æмæ, уæлæмæ куыд уæззаугай сбырыд, уымæй фæуæззау- дæр кодта уырдыгмæ хизын. Адæмы цæстытæ ныуурс сты, сæ цымыдис ноджы фæ- тынгдæр, скуыстой сæ эмоцитæ. ) — Цы фыст дзы ис? — фæрсынц иутæ. — Цы ’взагыл фыст у? — фæрсынц иннæтæ. Лæг ницы дзуры. Уымæн йæ цæсгом туджы зылдис, йæ портфель систа, сыбыртт дæр никæмæ скодта, афтæмæй кæдæмдæр атындзыдта. — Уый дын хиуарзон лæг! Уымæн йæхицæн уæт æмæ адæм цыфæнды дæр кæнæнт! — йæ фæстæ чидæртæ ба- хъуыр-хъуыр кодтой. — Ахæмтимæ мын коммунизм аразын кæнут? — рай- хъуыст сылгоймагæй, — йæ гуылы бын арт судзæд, уый’ йеддæмæ чи цыфæнды дæр фæуæд!.. «Æнæмæнг, уыцы гæххæттыл цыдæр сусæг фыст ис», — скуыстой та эмоцитæ, сытынг та адæмы цымыдис. Уæд- мæ иу зæронд лæг айтæ-уйтæ нал фæкодта, йæ пиджак ап- пæрста æмæ цæджындзыл фæхизы. — Мæ сывæллон рынчын у æмæ тагъд æххуысы маши- нæмæ рацыдтæн, мæн уал бауагътаис!.. — Æмæ, чизоны, мæнæн уæлтæрхæг ис, — зæронд лæг æм уæлейæ бынмæ æрдзырдта, — уæд та мард цæмæй "ра- удыгас уа, ахæм рецепт у! — æмæ йæ хидкалгæ, фæбыры уæззаугай, æппынфæстаг æм схæццæ, йæ иу къухæй цæст- кæсæнтæ систа, йæ ныхыл сæ бакодта æмæ райдыдта кæ- сын... «Æгæр бирæ бахъуыд, æвæццæгæи дзы цыдæр æнахуыр фыст ис», — уайтагъд та цымыдис адæмы зæрдæйы сгуыпп 200
кодта. Æрæджиау-æрæджиау æрхызт зæронд лæг, йæ цæс- гом та уымæн дæр туджы разылд, йæ пиджак скодта, ни~ кæмæ ыицы сдзырдта, афтæмæй та уый дæр кæдæмдæр атындзыдта. Уый ма хъуыд, гъе, адæмы. «Уыцы гæххæтты цыдæр сусæгдзинад ис æмбæхст», — тынгдæр ныггуылф-гуылф код- та цымыдис адæмы зæрдæйы. Кæрæдзийæн разы бар нæ дæттынц, цæджындзыл иу- гай хизынц, бакæсынц фыст, æрхизынц æмæ, мæстæй у, æви цинæй, ныссырх вæййынц, афтæмæй кæдæмдæр атындзынц. Æрæджиау мæ рад дæр æрхæццæ. Мæ цæрæнбонты бæ- ласыл хизгæ нæ, фæлæ дыргъ ратоныны охыл бæласмæ кæсгæ дæр никуы скодтон, мæ сæр разилы. Фæлæ ныр, си- хорæй фæстæмæ, цы тæхудиаджы радмæ фенхъæлмæ кас- тæн, уый кæмæн ратдзынæн. Ферох мæ, ног операцигонд кæй дæн, стæй мæ сæр кæй зилы. Айтæ-уйтæ нал фæкодтон, райдыдтон цæджындзыл хæрдмæ бырын. Мæхиуыл дис код- тон, хæйрæг фестадтæн, налдæр мæ сæр зылд, налдæр мæ- операци æндæвта. Æрмæст ма тырныдтон уæлæмæ, нæ- джындзы цъуппыл цы гæххæтт ныхæст ис, уымæ... Мæнæ, гъе, мæ бæлицц сæххæст. Схæццæ дæн гæххæт- мæ. Кæсын æй, æмæ мæ цæстытæ цæхæртæ акалдтоп, мæ- химæ æрдуйыас нал зындтæн, мæ цæсгом уырдыгмæ æрхи- зын нал хъæцыд. Афтæмæй ма мæхи куыд равдисдзынæн? Кæд мæ мыййаг мæ цæстытæ сайынц. Ногæй та йæ кæсыи: «Хъусинаг: Цæджындз ног сæрст у, уæхи дзы ма сахорут!» Мæ маст Хохойы дзæкъулыйас ныцци, тагъд-тагъд æр- хызтæн, сыбыртт дæр никæмæ скодтон, афтæмæй атындзыд- тон дарæс сыгъдæггæнæнмæ. Æрмæст ма цæджындзмæ дардæй иу каст фæкодтон æмæ йыл ауыдтон: чидæр та йæ* тæккæ цъупмæ фæцæйхæццæ кодта... . Дарæс сыгъдæггæнæны æз баййæфтон, цæджындзæй- иу чи ’рхызт æмæ хъуыддаггъуызæй кæдæмдæр чи атагъд кодта, мæ уыцы «развæдсгарджыты». ХЪÆУУОН ДИРЕКТОР Уый уыдис цалдæр азы размæ, фыццæгæм сентябры, дард хæххон хъæуы. Скъолайы ног директор йæхи баца- мыдта ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæи, стæп йæ- цыдæр хъуыддæгтæ уыд горæты æмæ рацыд. Фæцис ахуы- ры фыццаг къуыри, фæцис дыккаг, æртыккаг æмæ ног ди- ректор фæзынд æхцайæ йедзаг портфелимæ. Фæцин код- 201
той ахуыргæнджытæ сæ директорыл, æмæ фылдæр та — сæ мыздыл... Уыцы бон ыл куыддæртæй баизæр, æмæ та дыккаг бон директор рацыд горæтмæ, «хъуыддæгтæ» йæ уыд æмæ сæ хъуамæ бабæстон кæна. Фыццаг къуыри йын ницы бантыст, дыккаг дæр ыл аивгъуыдта. Ралæууыд æртыккаг — мызд исынмæ ма йæ хъуыд дыууæ боны æмæ загъта: «дыууæ- рдæм ма цы рахау-бахау кæнон.М. Фæлæууыд, мызд райс- та, æмæ та директор йе скъоламæ атындзыдта... Фæцин та кодтой ахуыргæнджытæ сæ ног директорыл æмæ æппæты фылдæр та, сæ мызд кæй нæ сæфы, ууыл... Уыцы бон директор, сындзытыл бадæгау, фæбадт скъо- .лайы. Дыккаг бон та йæ «хъуыддæгты» фæдыл рацыд го- рæтмæ. Рацыд та иу къуыри, дыккаг, æртыккаг, цыппæ- рæм... Директор та йæ «хъуыддæгтæ» балхынцъ кодта, æмæ та æхцайæ дымст портфелимæ фæзынд йе скъоламæ. Куыд алыхатт, афтæ та ацы хатт дæр фæцин кодтой ахуыргæнджытæ сæ директорыл, æппæтæн фылдæр та сæ мыздыл... Дыккаг боы та директор рацыд горæтмæ, хъуыддæгтæ йæ уыд æмæ сæ хъуамæ «бабæстон» кæна... Рацыд иу къуы- ри, дыккаг, æртыккæг, цыппæрæм æмæ директорæн йæ хъуыддæгтæ уæддæр нæ фæуд кæнынц. Систа æмæ ахуыр- \гæнджытæн сæ мызд посты арвыста. Йæхæдæг йæ «хъуыд- )цегты» фæдыл «зылд». \Ацы хаттноджы фылдæр фæцин кодтой ахуыргæнджы- тæ, боныфæстагмæ сæ сæ директор кæй нæ ферох кодта æмæ сын сæ мызд кæй сæрвыста, уый тыххæй... Дирёктор та зылд горæты йæ «хъуыддæгты» фæдыл, Æмæ ты мыздисын афон фæзынд районы адæмон ахуыра- ды хайадмæ. Цы йæм æмбæлд, уый райста, æмæ та ахуыр- гæнджытæн мызд посты арвыста. Фæцин та кодтой ахуыргæнджытæ. Сæ мызд та сæ дзып- пыты нывæрдтой ’æмæ сæ ацы хатт алчи дæр йæ хæдзар- мæ ацыд, уыдон дæр «хъуыддæгтæ» уыд æмæ... Рацыд та къуыри,чдыууæ, æртæ, цыппар æмæ ацы хатт скъолайы ахуыргæнджытæ сæ мызд скъоламæ нæ, фæлæ . райстой сæ хæдзæрттæм.^\Æмæ та сæ алчи йæ хæдзары хьуыддæгтæ аразынмæ æнцад-æнцойæ æрæвнæлдта. Афтæмæй аивгъуыдта иу аз, дыууæ, æртæ... Фæлæ хъæу- уон директор уæддæр горæты йæ хъуыддæгтæ конд нæма фæцис. Æрвылбон дæр æй райсомæй, урочы дзæнгæрæг ныццæгъдыны рæстæджы, фенæн ис горæты, æрвылбон дæр æй, фæстаг урочы дзæнгæрæг ныццæгъдыны рæстæджы, фенæн ис горæты. Æрмæст æрвылмæй дæр афоныл фæзы- 202
ны раноны адæмон ахуырады хайадмæ мызд исынмæ. Районы адæмон ахуырады хайадмæ дард хæххон хъæ- уы скъолайæ цæуы зæрдæдарæн зонæнтæ. Стæй куыднæ! Сæ хъуыддæгтæ æвзæр нæ цæуынц: директор «кусы», ахуыр- гæнджытæ сæ тыхтыл нæ «ауæрдынц», сывæллæттæй ис «тынг хорз» чи ахуыр кæны, ахæмтæ, ис се ’хсæн «ударник- тæ» дæр, иу-кæцыдæрæн дзы йæ бон ахуыр кæнын нæу æмæ йæм директор сæрмагонд ахуыргæнæджы сфидар код- та. Ахæм «цæвиттойнаг» скъолатæ районы арæх не сты æмæ дзы алы æмбырдты æппæлынц. Мæнæй-ма, директор «кусы», ахуыргæиджытæ дæр уæгъды нæ бадынц, афоныл мызд исынц æмæ сæ алчи йæ хæдзары хъуыддæгтæ аразы. Æр- мæст арæх нæ, фæлæ, стæм хатт сæ дзæбæх зæрдыл куы вæййынц, уæд æрымысынц сæ директоры дæр... «БЕЗДЕЛЬНИК» АЛЧИ ИÆХÆДÆГ Алло! — Хъусын. — О, йедæй зæгъыс? Фæлæу фенон... Ам нæй, кæдæм- дæр ацыд. Чысыл фæстæдæр-иу фæдзур... , Рацыд уыцы чысыл рæстæг, 60 минуты. — Алло! — Хъусын! — Ды дæ? Нæма ’рбацыд, чысыл фæстæдæр- иу фæдзур. Рацыд 60 минуты. — Алло! — Хъусын! О, уый ды дæ? Гыццыл раздæр æрбацыд æмæ фæстæмæ фездæхт, рынчыдонмæ ауад; нæ мады фсы- мæры усы мады æфсымæры лæппуйы лæппу знон, уынджы хъазгæйæ, фæкалд æмæ рынчынфæрсæг ауад. Чысыл фæс- тæдæр-иу фæдзур. — Алло! — Хъусын, ам ис, ам! Фæлæу-ма, фæлæу, йæ кабинеты йæ фенон... Алло, бахатыр кæн, уæлæ магазины цыдæртæ уæй кæнынц æмæ уырдæм ауад. Иу хатт ма-иу фæдзур, гагъд æрбацæудзæн. Рацыд та 60 мииуты. — Алло! — Хъусын! Ам уыд, ам, уæртæ йæм кæдæмдæр фæдзырд- той æмæ фæстæмæ фездæхт, мæгуыр, улæфгæ дæр нæма ’ркодта. — Алло! — Хъусын! — Чи? Кæй хоныс, кæ, «бездельник», бюро- 203
крат?! Мæ хисдæры? Бездельник алчи йæхæдæг! Абон- дæргъы телефоныл чи баззад... Мæлæты лæг, йæ хъуыддаг мын телефонæй дзургæйæ хъавы ацаразынмæ! Ам мæнæ йæ бахизæны ныр къуыригæйтты чи дзыназы, уыдон та ма уæд цы хъуамæ зæгъой? МÆН ÆВЗÆР НИКÆМÆН ФÆНДЫ (Монолог) Искæмæн нæ зонын, фæлæ мæнæн ис, цæмæй раппæлон,. уый. Цæвиттоны хъуыддагæн, мæ цуры дзурын ничи ницьг уæнды. Уымæн æмæ æз дам-дум нæ уарзын. Исчи мæ цурьг цæмæн хъуамæ кæна искæй фыдкой? Цыдæриддæр фехъу- сын, уый къахджын-къухджынтæй фæхæццæ кæнын, кæмæ хауы, уымæ. Уæдæ! Мæн æвзæр никæмæн фæнды. Цæмæн- нæ хъуамæ зона адæймаг, йæ «хæлæрттæ» йæм цы цæстæй кæсынц. уый? Амæйразмæ мæм иу чидæр хæцыд, де ’взагæй, дам, хисдæр йæ дæлбар кусæджы мардта. Æмæ уым æз цы хæраймаг дæн? Хасмел мæ цуры йæ хицауы фыдкой кодта æмæ йын загътон, зæгъып, æуый æмæ æуын кæм бады, кæм цæуы — де ’фхæрыны куыст йеттæмæ ницы кæны, удæгасæй дæ ныгæны! Мæхæдæг, мыйпаг, куыницы æрæмысын, æз цы фехъу- сын, уый фæзæгъын. Фæлтау хуыздæр нæ уыдаид æмæ Хасмел куы никæй æфхæрдтаид? Цæмæн æй хуыдта «бюро- крат?» Йæхæдæг æй, цымæ, æмбары, бюрократ цы у, уый? Бады, дам, бон изæрмæ, æмæ, дам, кроссвордтæ аразы, химæ, дам, ссивы. Æмæ уæдæ Батырæн æндæр цы ис, алы- хатт ахæм бынаты кусдзæнис? Мысты бæрц дæр та нал у? Мыст ма æвæрæнтæ фæкæны! Батыр, дам, цыбыр рæстæгмæ «дворецтæ» сарæзта! Æмæ уæдæ æгъæдзар куы фæуыдаид, уæд та йыл худгæ кодта- иккой, цæрын, дам, нæ базыдта. Уæд нæ амардтæн, исчи мæ цуры Батыры куы бафхæра! Снард, дам, ис! Æмæ цæ- уылнæ хъуамæ снард уа, йæ фынг пæ разæп цæуы. Стæй, дам, æнæмæт у. Цæмæн у æнæмæт? Уæдæ, æнæмæнг хъуа- мæ кæй раивта, уынау йæ зæрдæйы ннзæй амæла! Иæ каби- неты дуар, дам, ын гомæй ничи фендзæнис. Æмæ уый Ба- тыры аххос цæмæн у, кæд æмæ йæ дæгъæл фесæфт, уæд? Йæ кабинеты дуар ын цъæл кæнын кæнут? I Исчи, чизоны, адæмы нæ уарзы, фæлæ æз ахæм нæ дæн, мйенæн мæ уд, мæ дзæцц у, дыууæ адæймаджы цур алæу- уйн æмæ уыдонмæ байхъусын. Бæгуыдæр, мыййаг мæ дзырд 204
ахæссынæй куынæ тæрсынц кæйдæртау. Фæлæ уæ нæ ба- уырндзæнис, бирæ хатт иуæй-иу лæгтыл мæ зæрдæ фæху- ды, ахæм ницæйаг хъуыддæгтыл фæдзурынц, æмæ мыл дис бафты. Амæйразмæ та дыууæ лæджы лæууынц, æз сæм мæхи баластон, уыдон фыццаг фæтыхстысты. Æвæццæгæн, мæнæй фефсæрмы сты, стæйдæр, кæд æфсæрм нæ фесты, уæддæр æй æз афтæ нымайын. Иудзæвгар сæ дзыхæй хъып- сыпп нал æппæрстой. Стæн æрæджиау сæ иу афтæ бакод- та: уæддæр, дам, цæргæс Африкæйæ пылы куыд æрхаста! Кæй хъуамæ бауырна уыцы гæдыныхас? Æиæуый йæ мæ- хæдæг иу-цалдæрæн бауырнын кодтон. Цæуылнæ ис гæнæн, .æмæ уа стыр цæргæс, стæй гъеныр кæд нæй, уæддæр, чи- зоны, искуы уа. О, фæлæ æз уыцы дыууæ лæгæй дзурын. Ды ракойкæнинаг у, цæргæс, дам, пылы ахаста! Æз та æн- хьæл уыдтæн, искæй кой кæндзысты, æмæ сæ кæд исты ног ^абар фехъусин. Æмæ, зонут, цæмæн? Мæ хъусты мæт мæ ис. Адæймаг, дам, бонæн ног ныхас куынæ хъуса, уæд, зæгъ, йæ хъустæ хæрæджы хъусты дæргъæн кæнынц! Æмæ куыд хъуамæ бауадзон мæ хъустæ даргъ кæнын, уæд нæ ■амардтæн! Науæд маиу хъуыддаг. Бирæ адæймаг цæры хъæубæсты "’хсæн, фæлæ бынтондæр нæ фæхъуыды кæны йæ хъæубæс- тыл, йæ сыхæгтыл. Æз афтæ нæ дæн. Æз хъуамæ зонон, мæ сыхæгтæй чи цы ми кæны, уый. Æз базонын, мæ сыхæгтæй -æхсæвæр чи цафон бахæры, цафон схуыссынц. Æмæ куыд æнхъæлут, кæйдæртау дын мæм кады хонджытæ фæхъæуы æрвитын? Бауайын сæм, мæ сыхæгтæм мæ цæй хонын хъæуы? Фæлæ афтæ дæр ма ахъуыды кæнут, æмæ мæ сæрæй дуæрт- тæ кæнын! Стæй алыхатт дæр нæ бацæуын алкæмæ. Ау, хæ- дзары рухс куы уа, æмæ рудзынгæй алцы куы зына, уæд ма хæдзармæ мидæмæ цæмæн цæуыс? Алыхатт искæй тых- сын кæнын дæр нæ хъæуы. Æниу, цæмæй уый зонай, уый тыххæй сæр хъæуы! Æрæджы мæ хицауы кабинетмæ иу диссаджы рæсугъд чызг æрбацыд. Бакæсын æм лæг нæ фæрæзта, уайтагъд- иу зæрдæ йæхимидæг банкъуыст. Дæхæдæг ма^ахъуыды кæн, ды нæ бацыбæл уыдаис? Цæмæц æм æрбацыд ахæм рæсугъд чызг? Уым æвзæрæй цы ис? Дуарц ’зыхъхъырыл мæ хъус сæвæрдтон æмæ кæд æххæстæй нæ, уæддæр цы- дæртæ фехъуыстон: «Уарзон», «Ус дын ис?» æмæ афтæ би- рæ цыдæртæ. «Хицау йæ усы уадзы, кæсыс, куцд налат у!» Мæ бы- наты алчи дæр афтæ ахъуыды кодтаид. Æз нæ уарзын, лæг æмæ усы ’хсæн дзырд чи радав-бадав кæна, уый. Цы фед- •тон, уый радзырдтон хицауы уС.æн. Æхсæ,вы л,лæг чæмæ ус* 205
кæрæдзи дæндагæй дæр æхсыдтой. Уыныс, куыд рæузонд, ус ис нæ хицауæн. Æвæццæгæн æй уадзгæ дæр уымæн кæ- ны. Æз ын, цæмæй йæ цард хуыздæр ацæуа, уый кодтон,. уый та загъд-замана самадта! • Акæса, мæн æвзæр никæмæн фæнды. Афтæмæй мæ бирæ чидæртæ та дзæбæх не ’мбарынц. Æз кæйдæртау искæйы. дзыхы радавинаг нæ дæн!.. ЦЫ ПАЙДА У ТАМАКО? (сомихаг юмор) Китайæгтæ тамакойæ базар кодтой сомихæгтимæ æмаё’ сæм æфтыд стыр пайдатæ. Уыцы хъуыддаг бафиппайдта сомихæгты ’хсæн цыргъзонд æмæ дзырдарæхст Акоп. Адæм- мæ æрсидтис æмæ сын радзырдта, тамако адæймагæн зиа- нæй дарддæр æххуыс кæй нæ кæны, уый. Адæм Акопмæ’ байхъуыстой æмæ китайæгтæй тамако нал æлхæдтой. Ба- заргæнджытæ базыдтой, Акоп сын сæ базары хъуыддæгтæ- кæй байсæфта, уый, æмæ йæ «балхæдтой». Мах æвварс, зæгъ, фæу æмæ дын не ’фтиæгтæй стыр хай уыдзæн кæд- дæриддæр. Акоп сразы ис æмæ æрсидтис йе ’мбæстæгтæм: — Балхæнут тамако! Тамакомæ ис æртæ миниуæджы: тамако чи дыма, уый хæдзармæ хуыснæг йæ ныфс нæ хæс- сы, куыдз ыл никуы фæхæцдзæн; æртыккаг хорздзинад та уый у, æмæ тамако чи дыма, уый никуы базæронд уыдзæ- нис! Адæм ныххæррæтт кодтой æмæ базаргæнджытæн сæ та- мако балхæдтой. Базаргæнджытæ стыр лæвæрттæ ракод- той Акопæн. Æмæ сæ бæстæм фæцыдысты. Æппынфæстаг иу сомихаг Акопмæ баздæхт: — Акоп, тамакойы нысаниуæгыл нын хорз æрдзырдтай, фæлæ дын дæ дзырды мидис æххæст нæ бамбæрстам. — Уым диссагæй ницы ис, — зæгъы Акоп. — Тамако чи дымы, уый хæдзармæ хуыснæг никуы бауæнддзæн, уымæн æмæ тамако марг у, рæуджыты мидæг сæг ныббады æмæ адæймаг райдайы хуыфын, хуыфы æхсæвæй-бонæй, хъа- лæй æмæ фынæйæ. Къæрных та афтæ æнхъæлдзæн, зæгъгæ, хæдзары хицау хъал у æмæ йæм йæ ныфс нæ бахæсдзæн. Куыдз никуы фæхæцдзæнис тамакодымæгыл, уымæн æмæ æвзонгæй йæ зæнгты тых нал уыдзæнис æмæ райдай- дзæнис лæдзæджы æнцæйтты цæуын. Æмæ иугæр дæ къухьг ла^дзæг куы уа, уæд дæм куыдз йæ ныфс нæ бахæсдзæнис.. Æртыккаг миниуæг та уый у, æмæ тамако зæронд кæ- 206
нын никуы бауадздзæнис, чи йæ дыма, уый, æвзонг ма уы- дзæн, афтæмæй йын йæ туг басур кæндзæнис æмæ амæл- дзæнис. Гъе, уый уын тамакойы хорз миниуджытæ, — йæ ныха- сы кæрон загъта Акоп. ФЕМБÆЛД Лæппу бауарзта чызджы, донхæсгæ йæ куы федта, уæд.. Йæ размæ азгъордта: — Ацы дзæбæх чызг, — сдзырдта йæм, — дæ донæй цы- ма иу къусыдзаг акалдис, афтæ йæ куы банымаис æмæ мьпг мæ ком куы баумæл кæнис. Чызг æфсæрмдзæстæй æркодта къусы дон. Лæппу нуазы, нуазы, нуазы... Æмæ сусæгæй чызгмæ’ кæсы, кæсы, кæсы... Чызг дæр хъуызгæ, аивæй лæппуйыл йæ’ цæстытæ æрхæссы, æрхæссы, æрхæссы... Лæппу сдзырдта: — Цы адджын дон у! Чызг сдзырдта: — Куы ма дзы аназис... Уалыымæ чызджы мад тыргъæй рахъæр кодта: — Цы та скуыддзаг кæныс уыцы кæйдæр лæппуимæг дон рахæсс, дæ быныл баззайон! Нырма дæ фыццаг лæгæй хицæны гæххæтт куынæ райстай! Чызг баруад мады уай- дзæфтæм. Лæппу зæхмæ кæсгæйæ баззад. Сæ сæртыл хæрдмæ схæцыдысты, сæ цæстытæ кæрæдзи- мæ ныккомкоммæ кодтой, сыбыртт сæ нал хауы, стæй сæ дыууæйæ дæр уыцы иурæстæджы райхъуыст: — Ох, ух, оф! — æмæ фæйнæрдæм ацыдысты. Уыцы уысм лæппуйæн дæр, чызджы мады уайдзæфтæм, йæ зæрдыл æрлæууыдысты йæ ус æмæ йæ сывæллæттæ. Уæдæ, «уарзт» афтæ зоны! — Ох, ух, оф! Уый дзы æнæмæнг вæййы... ...УЫЦЫ БÆСТÆЙÆ «Дæ нывонд фæуон, мæ иунæг, мæ зæрдæйы таг, мæ фыстæгыл бирæ фæхъуыды кодтон, чизоны, нæ хъуыд, фæ- лæ мын мæ марды бон цы «кады» митæ фæкодтой, уый тых- хæй мæ фæнды дæумæ иу-дыууæ хъарм ныхасы афыссын: Ды дæр мын удæхæссæгæй афтæ куы ферох уаис æмæ 207
дын хуыцау мæнау сæдæ азы цæрæнбон куы. раттид! Æниу мын ды цы стыр хæрнæг скодтай, уым мæ адæм нырма цæрынхъуаг хуыдтой. Æмæ афтæ нæ зæгъын, се ’ппæт раст дзырдтой, кæнæ мыл маст кодтой æмæ уымæн афтæ дзырд- той. Æниу фыццаг афтæ æнхъæлдтон, фæлæ хисты фынгыл куы рабадтысты, уæд сæм куы байхъуыстаис! Кæрæдзимæ хатыдысты, сæнæп ма сæхи дæр æхсадтой, кæрæдзийы дзых- ты хæйттæ тъыстой æмæ лзырдтой: Зæронд, дам, уыд, ахæ- мы хист, дам, чындзæхсæв у. Мæ зæрдæ сæм бæргæ хæлд, мæнæн ме ’взонг уд дæр æмæ мæ зæронд уд дæр йеиыр ас- къуыд, æмæ а-мæнæй ма æфсæрм кæнæд, фæлæ ирон адæм рагæй-æрæгмæ мардæн цытгæнаг куы уыдысты, уæд сыл ныр цы ’рцыд, нæ ирон уæздан æгъдау сæ куыд байрох?! Æниу мыл ам, мæрдтыбæсты, æвзæр нæ фембæлдысты. Æп- пæлыдысты дæ; дзырдтой мын, хорз фырт, дам, схъомыл кодтай. Акæс-ма, кæуылты кад, дам, дын скодта, хохæй-бы- дырæп, дам, дзыллæтæ иууыл æрцыдысты дæуæн хæрзбон кæнынмæ, дæ фырт, дам, стыр лæг у, æндæра, дам, рагæй- .æрæгмæ ахæм хъуыддаг никуыуал федтам. Стæй ма мын ноджы афтæ дæр дзырдтой: дæ фырт, дам, дæ бирæ уарзта, æндæра, зæгъ, дын ахæм стыр хист не скодтаид. Æз дæр-иу дæ ныббуц дæн, мæ къона, уый та цæмæй зыдтой æмæ ды уыцы кады митæ дæ ныйнарæг мадæн сабæт- таг райсыны тыххæп кæй фæкодтай! Нæхионтæ дæ æппæ- лынц, дæ фырт, дам, дын стыр кад скодта, хъæутæй, дам, дæ ахаста æмæ, зæгъ, дæ горæты стыр, рæсугъд уæлмæрды кад æмæ радæй бавæрдта. Ам дæр та дын, мæ къона, дæ хæйрæгдзинад кæцæй зыдтаиккой, æниу мыл дæ зæрдæ дар, дæ сусæгдзинад сын никуы схъæр кæндзыыæн, æндæра уып куы базоной, мæн горæтмæ æрмæст фылдæр сабæттаг рай- сыны тыххæй æрластап, уæд мыл мæрдтæ къуыппæнзарæг скæндзысты, дæ фырт, дам, дæ ауæй кодта! Нæ, нæ, мæ иу- нæг, уыцы сусæгдзинад æз никуы никæмæн раргом кæндзы- нæн, фæлæ дын дæхипæн уæддæр хъуамæ зæгъон: Мæ уæл- мæрд мын искуы бæрæг уæддæр бакæн, адæмы.фос мып мæ риуыл сæ цъыфкъахæй рацу-бацу кæнынц! Цас диссаг у, мæ къона, уыйбæрц сабæттаг æрæмбырд кодтай æмæ дзы дыу- уæ капеччы ауæлдай кæнай æмæ дзы мæ риуыл æмбонд саразай! Уый дæуæн кад у æмæ мæнæн та — удæнцой! Адæм диссаг сты, мæ хур, ницы сæм сусæг кæны. Де стыр хæдзæртты кой дын кæнынц, æрыхъуыст сæм дæ царды кой. О, куыд бузныг дæ сты, уый куы зонис! Фарстой мæ, цал хатæны, дам, сты. Мæ цæсгомыл арт ирвæзт, фæлæ ма цы кодтаин? «Цæмæй зонын, уыйбæрц дæсны уын куынæ дæн нымайынмæ, бирæ сты, бирæ», — дзырдтон сын , æз дæр. !208
Æцæгæй та сын уый кæм рахъæр кодтаин, дæ ус мæ дæ хæ- дзары къæсæрæй мидæмæ бакæсын дæр кæй никуы бауа- гъта! Дæхæдæг дæр, мæ цард, дæ мады рисыл никуы фæрыстæ, дæ зæрдæ де ’вдисæн, искуы мын суджы къæцæл æрластай? Дæхæдæг зоныс: æнæхицау, дзæгъæлæй, æнæцæстыл бахæ- цæгæй куы систон мæ уд. Æз уыдæттæ зæгъгæ никæмæн кæндзынæн, фæлæ мæм дæ ус зоныгуылтыл «хъарæггæнгæ» куы ’рбацыд, уæд, чи йæ нæ зыдта, уыцы зæрæдтæ сæхи- мидæг мæ чындзмæ бабæллыдысты: тæхуды ахæм æфсип- уарзаг чындзимæ, дам, иу бон ацæр æмæ, зæгъ, стæй амæл! Фæлæ уый цæмæй зыдтой, мæрдтæм дзы æнæдзургæйæ ра- цыдтæн... Ныр мæ фервæзт, æниу дзы ирвæзгæ æз фæкод- тон!.. — Ныр ма йæм бакæс, йæхи æвзæр куынæ сфæлыста!.. Æмæ уæдæ æндæр цы кæна, мыййаг уæм сабæттаг цъус куынæ æрæмбырд. Дæхæдæг дæр, мæ къона, бæрæг фæ- хъæлдзæгдæр дæ... Бирæ дзуринаг мæм ис, бирæ, фæлæ дæуæн дæр уыйбæрц рæстæг кæм уыдзæнис, дæ удыгас мадмæ дæ куынæ æвдæ- лдис, уæд ма дæ ныр йæ мардмæ кæм равдæлдзæнис, фæлæ мын мæ лæгъстæ фехъус: дæ фыды фæдыл чындзы цы уæ- зæгмæ æрцыдтæн, уырдæм мæ фæхæццæ кæн, дæ фыды фарсмæ мын мæ зæронд стджытæ æрулæфын кæн! Хардзæп ма тæрс, хъæубæсты ’хсæн æвзæрæй нæ фæцардтæн, уыдон дæм фæкæсдзысты, хист дæр ма мын скæпдзысты, ахъуыды- ма кæн, хист та æнæсабæттаг нæ вæййы. Ам мæ горæты уæлмæрды дарай, уый дын ницыуал пайда ’рхæедзæнис. Ды, ч^зоны, уымæй тæрсай, ома хисты иу хатт чи уыдис, уый сабæттаг дыккагфыст нал бакæндзæнис, æмæ хардзы бын куы фæуон, зæгъгæ. Æмæ дæ бар нæу, айразмæ дæр æхца кæмæ зыдтай, æрмæстдæр уыдонмæ фервыстай хонæг, ин- нæтæ мын мæ марды кой хъусгæ дæр нæ фæкодтой... Цы ма дын фæдзæхсон, ам мæ ма ныууадз! Стæй уый фæстæ цæрынæй бафсæд, мæ къона! Дæ зæронд Нана». МЕ ’РВАД ХАНДЖЕ Арын дзы Гуыбиаты Юрайы ном — Хæмæт! —^æрбайхъуыст мæм горæты сæйраг уынджы фаллаг кæронæй. Æз мæ хъуыдытæй фæхицæн дæн æмæ рудзынджы ^рдæм фæкастæн. Уæдмæ уынг цæхгæрмæ æр-. балыг кодтой, афтæмæй мæ разы æрлæууыдысты дыууæйæ, сæ иу — мæ хорз зонгæ. — Хæмæт, дæу агурæм, — райдыдта мæ зонгæ, нæ кæ- 14 .Харебаты Л. 209
рæдзийæн салам куы радтам, уæд. — Ацы лæг йе ’рвадæл- ■-,ты агуры æмæ дыл æгайтма рамбæлдыстæм, йæхи мын Уæ- рæсейæ æрцæугæ хоны æмæ, зæгъ, никæй зонын. Ме ’мбалы ныхасмæ нал банхъæлмæ каст ме ’рвад, уай- тагъд мыл йæхи æрбаппæрста: — Уæдæ, Хæмæт, ме ’рвад разындтæ! Æстдæс азы дæр- гъы Уæрæсейы цæрын, æстдæс азы дæргъы бæллыдтæн ме ’рвадæлтæй ма, зæгъын, искуы искæй куы фенин,уæдæбуз- ныгхуыцауæй, —дзуры, Уæрæсейы зæххыл цæргæйæ, Иры- стоны уындæй цух чи уыдис, стæй йе ’рвадæлты уындмæ йæ былы цъæрттæ чи хордта, мæ уыцы ’рвад. Кæм ма уыд нæ цинæн кæрон, æгайтма мæнæй дæр исчи исты ныфс авæры, мæ фæсхъустæм цинæй асырх дæн. Уæлдайдæр та уый тых- хæй æмæ йæм, йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсемæ мæ кой ныхъуыст, уым мæ райдыдта ныфс æвæрын. Æппæт уыдæт- тæ мын зæрдæхъæрмттæгæнгæ куы фæдзырдта, уæд æм мæ зæрдæ ноджыдæр фæтæнг. Кæм-ма уыд, æрхъæцмæ нал лæууыдтæн, зæгъын, мæ кадджын уазæджы ам, уынджы цæмæн дарын, цы гæнæн ис, уымæй йæ тагъддæр хоиын хæдзармæ. Хатын æм, фен мæ, куыд цæрæм, нæ сывæллæт- тæ дæ цинæй зæххыл бадын нæ бауадздзысты, ме ’фсин та иннæ ахæм, хионтыл мæрдтæм цæуы. Мæ ныхæстæм ме ’рвады цæстытæ цинæй ферттывтой. Чысыл .цæуылдæр ахъуыды кодта æмæ стæй æнкъардгомау афтæ бакодта: — Нæй, хæдзармæ цæуын уал уадзæм, уазæгдоны уал номер куы райсин, кæннод хæдзарæй дæр афтæ тагъд кæм фездæхдзыстæм... Мыййаг дзы изæрмæ куынæуал уа афтид бынат, — сдзырдта æмæ мын мæ цæстытæм нымдзаст. Æз дзы, цыма, цæрæнбонты къул-къул цыдтæн, уыйау ныфсæрмы дæн, ай мæ ме ’рвад удæгасæй куы баныгæдта æмæ йæм барджыны ныхас скодтон. —Уазæг, дæ ном дæр дын нæма зонын, фæлæ мын ба- хатыр кæн, дæ ныхасæй мæ тынг бафхæрдтай æмæ дын æй зæгъын: бæласы бын куы цæрон, уæддæр мын ахæм ныхас ма хъуамæ загътаис! Арт сирвæзæнт мæ уыны хæ- дзæрттыл, ме ’рвад зæрдæйы фæндиаг иу æхсæв кæм не сбон кæна!.. Бирæ радзур-бадзуры фæстæ ме ’рвад пæ сæрæй аппæр- ста уазæгдоны номыр райсыны хъуыды æмæ ацыдыстæм хæдзармæ. Кæм ма уыд, мæ сывæллæттæн се ’рвады ци- нæй сæ сæртæ разылдысты, ме ’фсин дæр йæхицæн адджын ницыуал кæны, алыгъуызон хæринæгтæ хъармæй-хъарммæ хæссы фынгмæ. ;Минас йæ тæмæны уыд, афтæ та ме ’рвад йæ цæстытæ доны разылдта, афтæмæй ногæй æрымысыд æстдæс азы 210
дæргъы куыд бæллыд мах, не ’рвадæлты, хионты, Ирысто- ны фенынмæ, стæй куыд тынг аивта нæ горæт дæр, бынтон- дæр, зæгъы, йæ хуыз скалдта. Уазæг йæ ныхæстæ кæронмæ нæма фæци, афтæ йæ цæс- тытæ æддæмæ тыргъмæ ныццавта, раст цыма æдых цæрæ- гоймæ комхæлиуæй домбай æрбацæуы, афтæ бакъуркъа, йе ’взаг ныххаудта, йæ хуыз фæцыд. Уæдмæ йын йæ къух райста ног æрбацæуæг, æмæ цыма никуы æмæ ницы, афтæ< йæ афарста: — Хандже, куыд æвдæлон бадт кæныс, æнхъæл дæн, дæ заводы та абон дæр «куыст» нæ уыдзæн, а? — Хандже?! Ау, уый та куыд? Æмæ мæнæн æндæр цы- дæр куы схуыдта йæхи. — Афарстон ног æрбацæуæджы, — науæд æй ды афтæ лыстæггай кæцæй зоиыс, лæг нырма чысыл раздæр Уæрæсейæ куы ’рхæццæ, æстдæс азы дæр- гъы ам куы нæ уыд æмæ Ирыстоны уындмæ бæлгæ куы код- та, уæд? — Хорз уыд æмæ дын йæхи Туркæй æрцæугæ ирон не схуыдта, æндæра дæ фæллой фырцинæй ацы расыггæнаг, цæстфæливæг Ханджейы хъуыры ауагътаис! Уыцы ныхæстæм Хандже сыстад æмæ мæ хæдзары фыд- былызтæ дæр йемæ ахаста. Цалдæр боны фæстæ æз базыдтон: ме ’рвад Хандже ам горæты кæй цæры æмæ йæ уыцы цæстфæливæн митæй би- рæты хæдзæртты зылын гуыбынтæ кæй скодта. БЮРОКРАТ — 3.оныс цы? Уæддæр цы нысан кæны «бюрократ?» Тынг рæсугъд дзырд цыдæр у. Мæхицæй ныббуц вæййын, адæм мын афтæ куы фæдзурынц: дæ хисдæр, дам, бюро- крат у, уæд. Ахæм хисдæры къухы бакусын кæй нæ фæнды? Махæн нæ хисдæр рæсугъд у, уæздан. Æвæццæгæн, нæ хис- дæрыл дæр уымæн афтæ хорз фидауы ацы дзырд. Æцæг, æцæг! Нæ хисдæр бюрократ æнæмæнг уыдзæнис, æмæ йæм кæд ацы дзырд не ’мбæлы, уæддæр æм ахæм æндæр рæсугъд дзырд æмбæлы. Фæлæ-ма йæ цы схонон рæсугъддæрæн, уый нæ ахсын, уыйбæрц зонд мын цы хуыцау дæтты. Æз уарзын нæ хисдæры. Куыд хорз у ахæмы дæлбар ку- сын! Никуы дæ бафæрсдзæнис: «Цы аразыс, цы ми кæныс, æхца куы исыс, уæд цæй тыххæй?» Искæйтау дын райсом^ раджы куынæ æрбацæуы, лæгмæ хъуамæ уæздандзинад уа. Цæмæн хъуамæ тыхса, йæ куыстытæ йæ домынц, махæн 211 .
куыницы куыст ис! Æниу мах цы саразæм, уый нæм ис, мах ам не стæм? Нæ хисдæр зоны йæхицæн аргъ кæнын. Æндæр хисдæр- ты кабинетты адæм дыууæрдæм лекка кæнынц. Бацу-рацу, бацу-рацу!.. Уанцон нæу, адæмæй фæлмæцгæ дæр нæ кæ- нынц, цæмæй сæртæ сыл ис? Нæ хисдæр та сæ йæ тæфтыл уадзгæ дæр нæ кæны. Уадз æмæ дзыназæнт йæ кабинеты дуармæ, хъуамæ зоной, хъуыддаг сæ кæимæ ис, уый! Нæ хисдæр зоны йæхи дарын. Иæ дуарыл фыст ис, йæхимæ кæд æмæ цы сахатты фæисы, уый... Æмæ йæм уыцы бонты цæуæнт. Æцæг бон ам нæ вæййы, фæлæ цæлы фынгтæм куынæ ацæуы, хъуыддаджы лæг у, хъуыддаджы фæдыл вæййы... Айразмæ мын иу чидæр, йæхи директор хуыдта, цæй маст бавзарын кодта, цæй маст!.. Нæ хисдæр мидæгæй шах- мæттæй хъазыд, цас диссаг у æмæ йæхи аирхæфса... Уый йæм бафсæрста. Чысыл ма бахъæуа, мæн дæр йæ къæхты бын ассæнда. 0, уæд нæ хисдæр куыд смæсты, шахмæттæй фембылд. Махæн уæд дзæбæх бон нæ уыд, алкæй дæр нæ масты хай фæкодта. Алы æнæхсæсты, дам, мидæмæ ма уа- дзут! Ныр дæр-ма йæ нæ зонын, нæ хисдæр мæм цæуыл фех- хæлд. Айфыццаг мæхицæй хъайтар ацарæзтон, бацыдтæн æм æмæ йын сæрыстырæй афтæ куы зæгъин, зæгъын, дæ адæм фырбуцæн бюрократ хонынц æмæ мын æхсызгон вæй- йы, дæ кой куы фæкæнынц, уæд. Мæ ныхасмæ йæ цæсты- тæ галы къæлæтты йæстæ аисты. — Искуы ма дæ уый куы фехъусон, уæд дæ кой ам нал уыдзæнис! — загъта мын нæ хисдæр. — Хорз, хорз, мæ буц хисдæр, æз уыцы дзырд никуыуал зæгъдзынæн æмæ дæм кæд афтæ тынг хъыг кæсы, уæд адæ- мæн дæр зæгъдзынæн, зæгъын æй бюрократ мауал хонут, хъыг æм кæсы! 0, фæлæ уæддæр бюрократ цы нысан кæндзæн? Æвзæр исты уа? Æмæ уæд мæ хисдæры бюрократ цæмæн хонынц, адæм æм кæсынтыл куы фæвæййынц, афтæ хæрзконд æмæ хæрзвидыц куы у, уæд? Науæд йæ кабинетæй йæ къах æд- дæмæ ничердæм авæры, æдзух йæ кабинеты дуар æхгæд куы вæййы, арвы дуарæй хъауджыдæр ын æй гомæй куы нцчл фены, уæд? Уæддæр мæ куыд фæцæйсаухæдзар кодта ацы рæсугъд дзырд «бюрократ»! 212
НИЦЫ АРАЗЫС Дæ хъустыл никуы æрцыдысты ацы дыууæ дзырды, ни- куы дын сæ ничи загъта? Уæд цæй амондджын дæ, цæ?! Тæхуды, иубоны мидæг дæ амонды базыры бын ацæр. Зо- ныс, цæмæн? Æз ацы дыууæ дзырдæй уынгæджы фæдаен, мæ фæдыл бафтыдысты æмæ мæ уæгъд нал уадзынц, кæм сæ нæ фехъуыстон, кæцæй мын нæ сæмбæлын кодтой мæ зæрдæйыл судзгæ фаттæ! Куыстон райкомы, уырдыгæй мыл æддæмæ рахæцыдыс- ты, æмæ афтæ æнхъæл стут, къухæй? Уымæн амонд хъуыд! Зæвæтæй, зæвæтæй! Ницы, дам, аразыс!.. Цымæ сæм цæмæн афтæ фæкаст, уæдæ ма цы вæййы? Ереванæй сырх дур æрластон... Æхца, дам, сыл нæ бафыс- тай!.. Æмæ хуыцау кæмæн дæтты, уымæн æй йæ ердойæ æрыппары. Бирæтыл хъуынхъис нæ хæцы æмæ сын æз цы кæнон? Уый фæстæ акуыстон райæххæсткомы. Уым дæр та жес- ты гæппæл никуы баззад, мæ къæдзилыл мын сæ бабастой æмæ мæ афтæмæй федде кодтой, ницы, дам, аразыс! Ау, уæдæ мын мæ хæдзæрттæ чи са^рæзта, фенут ма сæ, тæрхъус иу боны-бонцау сæ алывæрсты зылд куынæ фæуы- дзæн! Уæдæ кæд ницы аразын, уæд мын уыцы галуантæ мæ фыд Хасмелæй баззадысты?! Мæ фæндыйæ, афтæ дзурджытæ сæхуыдтæг ницы ара- зыиц!.. Ам базæронд сты æмæ, цæрæнбонты «казолнæ» хæ- , дзæрттæй ракæс-ракæс кæнынц! Ницы, дам, аразыс!.. Æфтауцдоны гæсæй дæр та мæ фæцъипп ластой! Ау, уæдæ ма мын мæ галуантæм бацу, цæстытæ сæ ми- дæг дыууæрдæм куы райвæз-байвæз кæнынц. Уæдæ мын сæ уыцы дзурджытæ саз^уыдтæг радтой? Чи ницы аразы, уымæн йæ цардыл зыны. Науæд ма мын мæ усы палтотæ фенут, трикотинæн рай- дай æмæ йын йæ уæлæ цынæхуыз палто фендзынæ. Цымæ та уый дæр ууыл дзурæг нæу, æмæ æз цыдæр кæй аразын?! Амæйразмæ та мæм милицимæ фæдзырдтой... — Цæмæн мæм фæсидтыстут, æз уый зонын, — загътон сын,*мæн цалынмæ сæхæдæг нæ бафарстой, уæдмæ. — Уæддæр цæмæи?! — Ницы аразын æмæ уымæн! — фæцырд дæн. — Ды аразыс, — милицийы хисдæр мын цыбыр дзуапп радта. Нæ уæ бауырндзæнис, тынг æхсызгон мын уыд йæ 213
дзуапп. Мæ царды мыл фыццаг хатт фембæлд ахæм адæй- ’маг, мæнæй чи раппæлыдаид, мæ цæстытæ фырцинæй са- -сиры чъилты йæстæ аисты. Бафæндыд мæ, куы йыл ныт- тыхстаии, авд ныхъхъуырды йæ фырцинæй куы акодтаин! Ау, кæдæй, уæдæй æз фембæлдтæн ахæм адæймагыл, «ды аразыс» мын чи загъта. Æрмæст уый нæ бацин кодта. Цымæ цæуыл ныххуырым? Иæ дзырдтыл кæд, мыййаг, фæсмон фæкодта, йæ цæстæн- гас, цыдæр, мæ зæрдæмæ нæ фæцыд. Ды, дам, аразыс. Æмæ та уый дæр фауинаг у, æгайт-ма аразын. Цымæ йын æхсызгон цæуылнæ уыдаид? Адæм куыд алыгъуызон сты, иутæн хъыг у, кæй ницы аразын, уый, ин- нæтæ мын мæ цæстмæ дарынц, аразыс, дам. Æгайтма исты аразыс! — Цы, цы? Ахæстонмæ?! Цæмæн?! Цæй тыххæй?! Æмæ мын æдзух мæ дымджытæ уый тыххæп куы нæ- мынц, ницы, дам, аразыс, уæд мын ныр ды та мæ цæстмæ уый дарыс, аразыс, дам? Цымæ мæнæн æдзух афтæ чи дзырдта, «ницы аразыс», уый раст уыд? \ ~ ’ . ■ . ’ ЗÆРОНД ÆМБИСОНД НОГ ДАРÆСЫ , (Адæмон аргъаумæ гæсгæ) < Рувас, бирæгъ æмæ арс ссардтой холы æмæ баныхас .кодтой, зæгъгæ.,нæ чи хисдæр разына, уый бахæрæд холы. Алчи дæр сæ райдыдта йæ райгуырды аз дзурын. Бирæгъ загъта: — Æз райгуырдтæн хъаймæты агъоммæ. Рувас уый куы фехъуыста, уæд ныккуыдта æмæ йæ афарстой: — Цæуыл кæуыс Рувас? — Куыд нæ кæуон, — дзуры сын, — мæнæ бирæгъ куы райгуырд, раст уымæй иу мæй фæстæдæр амард мæ хис- дæр чызг, мæ зæрдæ суынгæг æмæ уымæн кæуын. Арс сæм фехъуыста, стæй холыйы йæхи ’рдæм æрба- ласта æмæ хæрын райдыдта. Рувас уый куы ауыдта, уæд бирæгъы хъусы бадзырдта: .,— Æвæццæгæн, арс дæуæй дæр æмæ мæнæй дæр раз- дæр райгуырд. — Афтæ уыдзæн, æндæра хæрын цæмæн райдыдтаид? — катайгæнгæ сдзырдта бирæгъ. 214
АДÆМЫ ЦÆСТ УЫНАГ У Стыр фæзы адæм къордгæйттæй лæууынц æмæ алы ныхас кæнынц. Уæртæ хибарæй, зынаргъ костюмты фæлыстæй, лæу- уынц дыууæ лæджы. Цæуы сыл афтæ иу фæйнæ 45—48- гай азтæ. Фæлæ сæ усгур лæппутæй ничи раиртæстаид. Кæд сæ цахъхъæнтыл царды уæз йæ фæд ныууагъта, уæддæр ацы дыууæ адæймагыл ахæмтæй ницыма зынди. Сæ цæс- гæмттæ, ног æфтыд айкау, уыдысты лæгъз, æрттывтой. Горæты адæм сæ зонынц, æдзухдæр сæ уынынц бæрæгбон. гъуызæй. Царды мæтæн сыл йæ фæд дæр никуыцæй ра- зынд. Æрмæст афæстаг рæстæджыты цæуылдæр, фæззыгон боны хъуынтъыз мигътау, хъуынтъызæй лæууынц, уæл- дайдæр та абоны хабæртты фæстæ. Æцæг газеты уыдон кой æргом нæма уыд, фæлæ, æвæццæгæн, медицинæ раст у: адæймаг, дам, цыдæр, æрцæуинаг уæззау хабар инстин- ктивон æгъдауæй рахаты. УынПы-иу сæ сæртæ бæрзæнд- ты хастой._ Ныр дæр, цыма, афтæ æнкъардгъуыз не сты, фæлæ сæ цыдæр дзырдтæ райхъуысы; — Фесæфтыстæм! —ысунæргъыдта сæ иу, иннæ дæр ын зæрдæфидаргæнæн дзырд нæ загъта, фæлæ ма артыл фæтæген бакалдта: — Сæфæм, сæфæм, æндæр хос дзы нал ис... Уыдонæй чысыл æддæдæр лæууынц иу цалдæрæй. Сæ къухты æнгуылдзтæм сын бакæс, æмæ дæ мæ дзырд ба- уырна, раст сын сты тулдзы уидæгты хуызæн, ставд æмæ ’нуарджын. Уыдонæй чи сисамайаг у, чи — хъæддæсны. Ныхас кæнынц: — Хорз хабæрттæ цæуы, — сдзырдта сæ иу. Иннæтæ дæр хъуыддаг, цыма, зыдтой, уыйау æмдзыхæй сдзырдтой: — Хорз хабæрттæ, хорз...—Æмæ æлгъгæнæджы цæ- стæй’бакастысты, æрдæбон цы дыууæ бухъ лæджы кой ра- кодтон, уыдонмæ. — Знон ног хицауы раныхасмæ хъуыстон æмæ мын мæ зæрдæйыл йæ дзырдтæ цинæй арт æфтыдтой. Тынг æрæв- нæлдта... Уый сын фысым фæуыдзæн, ныфс дæ уæд... — Чидæр та сдзырдта кусджытæй. — Бæгуыдæр, — зæгъы иннæ, — уымæй дæ ныфс уæд, уый тæрхъус уæрдонæй ахсы. Дзырдтой дыууæрдыгæй: иутæ — «сæфæм», иннæтæ — «рæзæм». Нæ рахатыдтон, иуæрдыгæй дæр æмæ иннæрдыгæй дæр, 215
дзырд цæуыл цыдис, уый. — Мах нæ туг калæм, æмæ адон та æнæ шампайнаг сæн къæбæр дæр нæ хæрынц! — фæтынгдæр кодта сæ иу йæ дзырд. Дзурæг, æвæццæгæн, чысыл уымæн хъæрдæрæй загъта, цæмæй йæ фалелæуджытæ Паплойты Уарзой æмæ Адæмты Мулкхор фехъуыстаиккой. Æмæ нæ фæрæдыд. Нæмыг сæмбæлд. Сæ зæвæтты цы туг уыдис, уый æвиппайды сæ сæрмæ ныццавта. Сæхимидæг стыхстысты. Уæдмæ та сæ хъустыл ауад былалгъæй худын. — Æфснайын хъæуы... Цалынмæ ма рæстæг... — Дыу- уæ лæджы: Паплойты Уарзой’ æмæ Адæмты Мулкхор сæ кæрæдзи фæдзæхсагау акодтой æмæ фæйнæрдæм фæцы- дысты. Сæ иу — бæзæрхыг, саджил роцъо, Паплойты Уарзой у. Иæ дардыл галу.антæм куыд æрбахæццæ, уый зонгæ дæр нæ бакодта. Цыдæр æмтъеры хъуыдытæ йын, уадты- мыгъау, йæ зæрдæйы ныффуттытæ, ныхситтытæ кодтой. Йе уонджы мылазон мигъ бацыд. Хæдзармæ цæугæйæ-иу хъуамæ дардæй бахуыфыдгид, кæнæ та-иу хъуамæ сындæг .базарыдаид, цæмæй йæ би- нонтæ базыдтаиккой, ома, æрцыд нæ дарæг. Хатт ма-иу афтæ дæр уыд: сæ дынджыр Мила куыдзимæ-иу схъуырду- хæн, уазæг æфсон-иу уый куыдзы уæлæмæ кодта, куыдз та-иу хицауы не ’мбæрста... Ахæм рæстæджы-иу уазæг æнхъæлæй бинонтæ йæ размæ ракалдысты, æмæ-иу мæнг куы разынд, уæд-иу «дæ уд дын макуы бахæрæд», загъ- той, æмæ-иу худгæ хæдзармæ баздæхтысты. Ныр ын бинонтæй йе ’рцыд ничи базыдта. Цыма, кæй- дæр хæдзармæ хуыснæджы цыд, афтæ асинтыл хъуызæгау скодта. Ие уæнгтæ дæр, цыма йын сæ арс феууæрста, уы- йау исын нал фæрæзта. Йæхи бандоныл æруагъта, æмæ та нырмæйы æнæмæт лæджы тасы сагъæстæ сæ уæлныхты систой. Уæртæ йæ хæдзары фарсмæ — йæ сыхаджы къæс, дыу- уæ хæдзары дæр иу боны гуырдтытæ. Фæлæ, хъулæттæ ма- ды гуыбыны дæр вæййы, афтæ у ацы дыууæ хæдзары хъуыддаг дæр. Уарзойы хæдзар бæстæ йæ сæрыл систа, цард дзы бухъ-бухъ кæны, йæ фарсмæ та йæ сыхаджы хæдзар дæлæмæдзыдæй баззад. Бирæ хæттыты бауайдзæф кодта Уарзой йæ сыхагæн, æна^сæрæн дæ, зæгъгæ. Фæлæ Уарзойы сыхаг уæзбынгонд лæг уыд æмæ-иу ницы сдзырдта «Цы бакæнон, мæ фадæт- тæ æндæр не сты»-йæ дарддæр. Стæй ма-иу æм кæд Уар- 216
зой исты ныхас баппæрста, уæд ма-иу афтæ бакодта: — Ды куыд æнхъæлыс, Уарзой, иууыл афтæ дæр нæу... Афтæ ма ’нхъæл, адæм куырм сты æмæ нæ уынынц!.. — стæй-иу>'баздæхт йæ уатмæ. Цы кæна, къултæ самадта,. агъуындгæ дæр сæ скодта, фæлæ... Уарзойы нывæфтыд" галуанты цур нæ рарттывта. Уарзойы хæдзар та?.. Цы ма йыл дзуррн? Йæ залты дæ къах пъолыл не ’рывæрдзынæ, уæзданахуырст пъолтыл — зынаргъ гауызтæ æмбæрзт. Къæрных нæу Уарзой, ахæм номæй йæм никуыма ничи бадзырдта. Æнæуый «фæрæзджын» у. Дуры гуыбынæй дæр йæ тонайы хай ракæндзæнис, æмæ цас диссаг у — йæ цард сарæзта. Куыста районы сæйраг æфтауцдоны хисдæ- рæй. Стыр бынатмæ нæ бæллыд... Искæйтау йæхи адæмы цæсты куынæ æфтыдта, капекк уæлдай никуы никæмæй райста, æниу æй уый сæр цæмæн хъуыд? Царв бадон кæн æмæ йыл стæй стуры сой аскъæр, чи "дæ фæрсы... Йæ* дæлдæртæм йæ был никуы фæзыхъхъыр кодта, æмæ раст кодта. Афтæ цæмæн æнхъæлой,~"'сæ къухмæ кæсы. Уый- хыгъд хæдзары «коньяк» арæзта æмæ. Адæймагыл сæр’ уымæи æрзад, æмæ дзы хъуамæ хъуыдыкæнын фæраза: нырма иу хатт дæр фыдызгъæл сортгай никуы адих код- та. Æмæ æрра у, афтæмæй дæр æй адæм дзæбæх куы ’лхæ- нынц, науæд колхозты сæкæр аслам аргъыл балхæн, йæ фарсмæ йын донæй едзаг къæртатæ æрæвæр... Сæкæры лы- стæг нæмьтг пырындзыйы нæмыджы стæвдæн ныввæйы, здыйы къæртт-иу фесты. Науæд гæххæтт: бон-иу тоннæ ауагъта магазинтæм æмæ уый æхца нæ уыд?! Кæцæй, дам. дын цæуы, — афæрс. Æмæ йын цы ис, йæ чызгæн йæ «Мос- квич» «Волгæйæ» раивта æмæ уым цы ис диссагæй? Уæдæ^ йын йæ зындзинадмæ кæдмæ кастаид, йæ хъæбул у, йæ туг, йе стæг! Иу чысыл хæдзар ын алхæдта, уый та ской аккаг дæр нæу, дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр цы у — 6 хатæны, мыст дзы йæ къæдзил нæ атилдзæн. Науæд: æхца, дам, ссивы, æмæ ма исчи зæгъæд, иунæг сау капекк дæр ын куынæ ис нæ горæты æвæрд, уыйас нал æмбары, æндæр горæтты цъус æфснайæн кассæтæ ис, йæхи адæмы цæстьг не ’фтауы? Ныр бады æмæ алыгъуызон хъуыдыты ныссаджилтæ. Йæ цæстытыл ауад, цыма йæм милици æрбауадысты, акод- той йæ. Кæнгæ та йæ акодтой, салам дæттынмæ дæр йæ- сæр кæмæ нæ дардта, ахæмтæ. Æлгъ ыл кæныиц, «кад- джын» Уарзойæн капеччы аргъ дæр нæ кæнынц. Сыхгæд- той йыл дуæрттæ æмæ йыл æддейæ уæззау гуыдыртæ сæ-- вæрдтой. 217
7 — О, хуыцау, ахæмтæй мæ бахиз! — сдзуры йæхимидæг. Æвиппайды дымгæ дуар æрбахоста. Уарзойы уæнгтæ базыр-зыр кодтой. Уалынмæ рудзынг дæр базмæлыд, фæлæ уæддæр Уарзойы нæ бауырныдта, дымгæ кæй у&д, уый æмæ хъавгæ дуарыл рахæцыд. Ноджыдæр та йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта: милицийæ мачи уæд?! * * * Уарзойы хæлар Адæмты Мулкхор кæмдæр бафæстиат, хæдзармæ æрæгмæ бафтыд. Æрталынг, афтæ уынджы сæ- химæ фездæхт. Хæдзары кæрты ауыдта цъæхахуырст ма- ’шинæ. «Æвæццæгæн та мæм сæнтæ æрбаластой, — сдзырдта йæ мид-зæрдæйы, — асурын сæ хъæуы, ныртæккæ мæ сæ- рыл арт ирвæзы, асурын сæ хъæуы, асурын сæ хъæ- уы! — Афтæмæй бахæццæ машинæйы цурмæ. Æвиппайды, цыма цæвæгхъæд аныхъуырдта, уыйау сагъдæй аззад. Ра- скъуыд уалдзыгон зæй æмæ Адæмты Мулкхоры йæ быны ассæста. Иæ зæрдæйы йын, цыма, исчи кард йæ фистонмæ ныццавта, уыйау æй ныббогъ кæнынмæ бирæ нал бахъуыд. — Ау, сырх хахджын машинæ!.. Машинæйы алфæм- -блай лентæйау цы сырх хахх æртыхст, уый цыма залиаг калмау йæхи Мулкхорыл æрбатыхта, уыйау йæхимидæг уæрдæхау сыздыхтытæ. Иæ къæхтæ йæ быны дыдæгътæ кодтой, афтæмæй зынтæй схилыд асины къæпхæнтыл æмæ ^фембæлд ацы хатт йе ’нæрхонгæ «уазджытыл». Милицийы кусæг хæдзары æппæт зынаргъ дзаумæттæ лыстæггай фыс- та. Ригæйаг хъæдын дзаумæттæ: гауызтæ къултыл æмæ пъолыл тыд; рыгцъирæнтæ, уазалгæнæнтæ, телевизор «Электрон», дæсгай минтæ æхца... Къæбицы стыр уазал- гæнæны æнæхъæн галы æгъдтæ... æмæ сæ чи фæнымай- дзæн... — Цы ракодтон, цæмæн мæ æфтаут адæмы цæсты? Чи уын радта советон адæймаджы æфхæрыны бар? — бæргæ ма дзырдта, фæлæ йе ’взаг коммæ нал каст, айбæрц рæс- тæджы йæ цæстытæй цы ныфсы цырагъ æрттывта, уый :æвиппайды ахуыссыд. * * * Æхсæв-бонмæ Паплойты Уарзой фыдфынты хай фæцис. Райсом хур нæма скаст, афтæ райхъал. Дзедзылæйттæгæн- гæ куыстмæ æрбацыд. Куысты йæ дæлдæртæ газетыл ным- :218
бырд сты, афтæмæй сæ баййæфта. Уыдон сæ хисдæры куы ауыдтой, уæд дзы «фефсæрм» сты, фæлæ уæддæр сæ га- зет кæсын нæ ныууагътой. Уарзойы зæрдæйы цыдæр æна- хуыр тас ацыди. Йæ кабинетмæ нæма бахæццæ, афтæ йын йæ хъусты бацагътой: дысон, дам, Адæмты Мулкхорæн йæ фæллæйттæ сфыстой æмæ, дам, ын йæхи та ахæстоны ныв- зылдтой. Афтæ йын хъуыд, иу чи нæ хæры, уый дыууæ бахæ- ры! — æнæбары, былысчъилæй загъта Уарзой. Йæхæдæг газеттæ райдыдта рауил-бауил. Арæби, Ирыстоны райгуырд, Ирыстоны ралæг, ирон у, фæлæ Уарзойы никуы ничи федта иронау дзургæ, стæй ма дзургæ дæр о, фæлæ йын ирон газет йæ къухы кæд чи фед- та? Ныр æй смыхъ-смыхъгæнгæ фæрсы æмæ дзи йæхи кой кæм ис, раст уым ныццауæзта. Йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой, «ме ’мкусджытæ дæр æнæмæнг ацы уац каста- иккой», ахъуыды кодта йæхинымæр. — Фесæфтæн! — ныккæрзыдта æмæ йæм, цыма, къул- тæ дæр уый æрбадзырдтой, — «газет раст у, ды хъуамæ мауал уай!»— афтæ стыхст, сызнæт. Ахъуыды кодта Мулкхорыл, æмæ та цыдæр сдзырдта, йæ фæстаг дзырдтæ ма йын ацахстой: «Иугай тулдзыстæм дæ фæдыл»... Уар-/ зойы бон нал уыд кабинеты бадын, æддæмæ рахызт, фæла^ ам дæр хуыдуг кæны, уæлдæф ын нал фаг кæны. — Фесæфтæн, хъуыддæгтæ зыгъуыммæ зилын байдьгдтой, — дзуры химидæг. Уыцы рæстæджы кæйдæр ныхас ацахста. у ’’ Хъуыддæгтæ хорз цæуынц, адæмы цæст уынаг у... УÆДÆ ÆНДÆР КÆМ БАФЫНÆЙ КÆНОН? Уыцы бон нæ заводы профцæдисы иумиаг æмбырды мæ кой дæр уыд, куысты рæстæджы, заегъ, æдзух фынæй фæ- кæны. Ахæм «хорз» характеристикæйы фæстæ æз тынг хъæлдзæг нæ уыдаин, науæд мæ бынаты чи уыдаид хъæл- дзæг? Уæнтæхъилæй æрцыдтæн хæдзармæ... Мæ фæстæ æрхæццæ, чысыл раздæр мæ æмбырды зæххы ’мвæз чи скодта, мæ уыцы ’мбал, йæхицæн, дам, мацы кæна, мæ фæдыл æй рарвыстой, Къæсæрæй нæма ’рбахызт, афтæ мæ сыхæгты фынддæс- аздзыд лæппу гонгæй цæуыны цагъд скодта æмæ йæ хъæр- мæ хæдзары цæрттæ дæр згъæлдысты. Ме ’мбал, мæ кри- тик, йæ хъустыл ныххæцыд, афтæмæй мæ фæрсы: «Циу, уый цы ха0ару?»Æз дæр мæ хъустылхæцын æмæйындзу- 219
рын: «Уый нæм дæ хуызæн кадджын уазæг йæ сæр кæй æрбадардта, уый цытæн у, дзыллæйæн æй хъусын кæны». Уыцы «æхцон» музыкæ ахаста иу æрдæг сахат. Нæма æрынцад, афтæ мæ сæрмæ, æртыккаг уæладзыгæй, æры- хъуыст къæхты хъæр. Хорз зыдтон мæ сыхæгты зæрдæйы уаг, æмæ читт дæр нæ фæкодтон, уыйхыгъд мæ критик„ гæды фиумæ куыд фæкæсы, афтæ цармæ йæ цæстытæ ныц< цавта. Раст, цыма, цар тонгæ æркæндзæн æмæ йыл æрхау- дзысты, афтæ йæхи дыууæрдæм радав-бадав кæны. Уымæ кæсгæйæ ма мæнæн, цы кафт кæнынц, уый цы базонын хъуыд. Твист, твист та райдыдтой кафын, ныр та мæ сæр уынгæджы фæцис! Уыцы кафт сын æрдæгæхсæвмæ ахæс- сы, цалынмæ дзы иу иннæйы басæтты, уæдмæ. Сæтгæ та æнцæнтты нæ бакæнынц æмкъæйттæ, æхсырысæртæй сæ фæхастой сæ ныййарджытæ, стæй сæ иумæ бацæрын код- той, ныр хъус æмæ уыдонмæ! Мæ критик йæхи куы ’рымбæрста, цар не ’ртондзæн,. уый йæ куы бауырныдта, уæд йæ «Твист» кафын ныууагъ- та. —.Чи цæры дæ сæрмæ? Африкæйæгтæ сты, уый æнæ- мæнг у, фæлæ кæцы адæмы хаттæй сты? — Сомалийæ,— бахудтæн æмæ йын йæ цæстытæм ба- кастæн. ’ — Æцæг? — Кæд сæм тынг цымыдис кæныс, уæд сæ иу райгуырд Цхинвалы бæстыастæу, иннæ та горæты кæрон... — Æмæ фæсарæйнаг командировкæйæ кæд -æрхæццæ сты, науæд дзы цас хъуамæ фæуыдаиккой, куыд тагъд са- хуыр кодтой ахæм æнахуыр кафт? — Фæсарæнтæ дзы цæмæн бахъуыд, телевизор, мæ хæ- лар!.. Цардæй фæсте баззадтæ, ацы хатт мæн дæр дзырды бон фæцис. Уыдонæн дæр ма ницы уаид, фæлæ æз æмкъул кæимæ дæн, мæ уыцы «æмуд» сыхæгтæ сæ бирæсерион кинофиль- мы дæсæм сери райдыдтой дарддæр кæнын. Уый уыдис, мæнæ бæхты къæхты хъæр фыццаг дардæй куы ’рбай- хъуысы æмæ стæй куы сытынг вæййьг, уый хуызæн. Лæг æмæ ус фыццаг кæрæдзийыл æхстой иугай къустæ, стæй, æз фæстейæ цæмæн хъуамæ баззайон, зæгъгæ, ерысы куы бацыдысты, уæд арв æмæ зæхх дæр æнкъуысынтæ рай- дыдтой... — Баиргъæвæм сæ, — йæ дыстæ асчъил кодта мæ кри- тик,'» нæ сыхæгты лæппу йе ’рцыды хабар дардыл кæмæн хъусын кодта, мæ уыцы буц уазæг. — Фæлæу, хæхи бар сæ уадз, уыдонæн ды нæ, фæлæ 220
зенæхъæн æфсад дæр ницы бафæраздзысты, — йæ фæччи- йæ ацахстсш ме ’мбалы,— фæлтау мын радзур дæ хабæрт- тæ, уæддæр дæ цы ’рбахаста? Уый æрбадт æмæ аныр дзурын райдайа, афтæ ма мæ рудзгуытæй авг кæуыл уыд, ууыл дæр та пурти сæмбæлд, .æмæ мæ критичы сæрæн — цæф! Пурти-сæрæй расхъиудта -æмæ йæ разы цъилау ныззылд. Лæгæн йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой, цыма тарф фы- нæйæ райхъал, уыйау фестъæлфыд, æниу фынæйафонæй дæр раджы ахызт, уыд æхсæвы дыууæйы ’рдæг. Дыккаг бон куысты æз дæр фынæй кодтои æмæ мæ кри- тик дæр, æвæццæгæн мын мæ хъуыддæгтæ директор фе- хъуыста æмæ фæскуыст мæ фæстæ лæг нал рарвысТа. Ни- чидæр мын уайдзæф бакодта, уый нæ, фæлæ куысты сахат- тæ куы фесты, уæд дзæнгæрæджы хъæрмæ кæй райхъал дæн, уый тыххæй ма мын бирæтæ тæригъæд дæр фæкод- той. . НОГАЗОН ФЫН Дысон, ногбонæхсæвы, алчи минас кодта, æз та фынæй бадæн æмæ уыдтон диссаджы фынтæ: - Цыма Ног аз, иннæ хæттытау, хæдзари-хæдзар нæ зылд земæ сабитæн лæвæрттæ нæ уæрста, фæлæ кæд марзта уынгтæ. Уый мæм диссаг фæкаст æмæ фыны мæ худæг нал урæдтон, ахæм дзы никуыма уыд! Стæй æнæфæхудгæ дæр мæ бынат;ы чи фæлæууыдаид. Ног азы тыхджын къухты уыд, бæрзуисой æмæ марзта, йæ цъылыны æхситт цыд. Иæ разæй хæссы брæтты, æмбырд сæ кæны иу ранмæ. Фæн- дыд мæ, æввахс æм куы бацæуин, фæлæ йæм рыгæй мæ ныфс нæ хастон, зæгъын, нæ горæты рыгæй ныр уæддæр •фервæзон, фæлæ йæм уæддæр куыддæртæй мæхи æввахс баластон. Уый дæр уæдмæ дунейы брон сæмбырд кодта. Стæй сæ æмбырд та кæдæм æркодта? Зæронд азæн йæ хæ- дзары кæртмæ. Уый а-ныр Ирыстонæн хæрзбон зæгъа, æмæ йæ даргъ фæндагыл ныллæууа, афтæ йæм мидæмæ бадзырдта Ног аз: — Цæуыс нæ æмæ рæствæндаг у, фæлæ дын мæнæ дæ бырæттæн цы бакæнон? — Цавæр бырæттæ сты? — цыдæр тызмæгæй радзырдта Зæронд аз æмæ йæ цæстытæ æууæрдгæ ракаст Ног азмæ. Стæй катайгæнгæ, уæззаугай сдзырдта: — Уыдон иууыл мæн не сты, æз дæр сæ афтæ ’рыййæф- тон. 221
.Ног аз мæстыгъуызæй бакаст Зæронд азмæ æмæ рай- дыдта: — Ацы брæттæ дæ размæ акъахдзæфкæнын нæ уагъ- той!.. Уыцы ныхæстæм Ног аз йæ цыргъ арц райста æмæ дзы иу броныл æрхæцыд: — Уыныс,—дзуры Зæронд азæн,— ацы брон-лæг куыс- та дыргъисæн пункты. Фæлæ намысджын куыст нæ кодта, ныллæууыд сайын, давыны фæндагыл. Алыгъуызон дæл- гоммæ митæй æвнæлдта адæмы æмæ паддзахады дзыпмæ. — Бузныг, мæ кæсдæр, ацы цъурбел мын мæ туг ба- нызта, æз ын ницы бафæрæзтон,— æнкъардæй сдзырдта Зæронд аз. — Мæнæ иннæ брон-лæг, — дзуры Ног аз æмæ та арцы цыргъæй æрхæцыд иу броныл. Уымæн дæр та йе ’рдиаг ссыд, фæлæ йæ, цыма, Ног аз хъусгæ дæр нæ фæкодта, уыйау ыл ноджы тынгдæр æрхæцыд. — Ацы зулкъ иу за- воды куыста. Йæ бакаст æнцад куыд у, афтæйæ ма’нхъæл, дæлзæхты цæуы! Æнæхъæн афæдз дын дæ туг басур код- та. Мæнг гæххæттытæ лæвæрдта. Ног аз дзуры æмæ йæм хъусæм мах дæр, æз æмæ Зæ- ронд аз. Дис мыл æфты æмæ тæхуды кæнын Ног азы хъа- румæ, йæ фыццаг фæзындæй сæ къуымрæбынæй куыд ра- мæрзта! Уæдæ Зæронд аз кæмæ æнхъæлмæ каст, йæ брон йæхæдæг цæуылнæ ныссыгъдæг кодта?.. Уæдмæ та Ног аз йæ цыргъ арц фæсагъта æндæр брон-лæджы уæнты. — Федтай,'ацы хъæды рæмпæг дын цытæ фæкодта?' Уый аххосæй æгады ном фæхастай! Йе ’мбæлтты хъау- джыдæр ын æфсис ницæмæйуал уыд. Афтæ æнхъæлдта, æмæ иугæр адæм ницы дзурынц, уæд куырм сты. Уый ма зонай, æмæ сæ цæст уынаг у. Ныр, йæ цæрæнбонты цы фæ- давта, уый йын йæ фарсы тæнæгæй фæкæндзысты! Уыцы ныхæстæм арцы цыргъыл систа брон-лæджы æмæ йæ иннæ брæттæм баппæрста. Æз кæсын брæттæм æмæ мæ цæстытыл ныххæцыдтæн. Ау, зæгъын, уый та куыд?! Æз адæмы ’хсæн лæгау-лæг кæй æнхъæлдтон, намысы цырагъ æм судзы, кæмæ æн- хъæлдтон, уый брон-лæг разынд, уый æнхъæл никуы уыд- тæн. Ныр ма бакæс утæппæт брæттæм: чи дзы гæртам исы- ны тыххæй æрцыд марзт не ’хсæнæй, чи — бюрократ кæй уыдис, уый аххосæй, чи — кæм куыста, уым æхсæнадон хъуыддагыл фыдаудæн кæй кодта, уый тыххæй. Æмæ сын чи фæнымайдзæн сæ сау хъуыддæгтæ! Б^он-лæгтæ—сæхимидæг хæлбурцъ кодтой, æмæ-иу мах дзурыныл куы фестæм, уæд-иу сæ чидæртæ фæсвæдмæ 222
фæцæйлæсыд, фæлæ та-иу æй Ног аз йæ дæрзæг цъылы- нæй иннæ брæттæм æрбасæрфта. — Цы сын ис дæ зæрды? — фæрсы Зæронд аз Ног азы. — Мæнæ сæ дæуау, æз дæр мæ бæрзæйыл сбадын кæн- дзынæн! Цы сын хъæуы, уый нæ зоныс? Уæдæ мæм кæс! Уыцы ныхасмæ брон-лæгтæн се ’рдиаг ссыд, лæгъстæ кодтой Зæронд азæн, фæлæ сæ уæдмæ Ног аз амарзта æмæ сæ ивылд доны бакалдта. Æз кастæн уыцы диссагмæ, цин кодтон Ног азыл, æмæ афтæмæй райхъал дæн... ...Райхъал дæн, фæлæ фыны æз цы брæттæй фервæзтæн, уыдон уыдысты мæ алфæмблай æмæ мыл худæгæй мар- дысты. Æз уæд æцæг дæрзæг цъылын райстон æмæ рай- д’ыдтон мæрзын. Мæрзинаг та мын нырма дзæвгар ис... МÆ «ХÆСТÆДЖЫТÆ» Фæззæг, сæрд, уалдзæг æмæ зымæг сæ кæрæдзийæ цьг бон, цы сахаты ахицæн вæййынц, уый равзарын мæ бон никуыма бацис, фæлæ уыйхыгъд, кæнæ институтмæ, кæнæ та горæты кæцыфæнды ахуыргæнæндонмæ дæр райсыны экзаментæ кæд райдайынц, уый æз æрвылаз йæр базонын æнæкъæрццæй. Хуыд зæгъыс, фæнды дæ, мæ сусæгдзинад дын раргом кæнон? Уæдæ хъус. Уый уыд фæскуыст. Бадын хæдзары, афтæмæй мæм æнахуыр хъæлæба æрбайхъуыст тыргъæй, йæ уæлвæд дуар æрбахостæуыд... Æз æддæмæ рауадтæн. Мæ тæккæ раз къæсæргæрон лæууынц дыууæйæ: фыд æмæ чызг. Æнахуыр уазджыты фенгæйæ, хъуамæ фæтыхстаин, фæлæ мæм уыдон ахæм худгæ цæстæнгас равдыстой æмæ æз дæр схъæлдзæг дæн, нæ зонын цæмæн. Раст, цыма, æз се «сæфт» æфсымæр уыдтæн, уыйау мыл фыццаг лæг атыхст, стæй та чызг. — Мæнæ цы диссаджы лæгаг (чызджы фыд мæ лæг схуыдтаид, уый йæ цæст нæ бауарзта) рацыдтæ æмæ дæ мах та ныры онг нæма зыдтам. Кæд ма исты зонын, уæд ды Барсæгаты Хох дæ, — лæг мын пъатæ, хъæбыстæ кæны, афтæмæй мæ мæ ном æмæ мæ мыггагæй фæрсы. — Ацы хатт нæ фæрæдыдтæ, — хъазын æз дæр. Æниу мын æндæр цы гæнæн уыд, уазæг, мæн фегæйæ, цинæй арвмæ хаудта, æмæ æз та кæуын райдыдтаин? — Уæдæ ам цæрыс, нæ? — фæрсыныл та схæцыд. ^ 223
— Ам, куыд уыныс, афтæ,— дзуапп радтон æз. (Базыд- -тон сæ, адон къæсæрæй фæстæмæ чи аздæха, ахæм уаз- .джытæ не сты). Цы гæнæн ма мын уыд, мæ хатæны дуар парахат байтыгътон æмæ уазджытæн «табуафси» загъ- тон. Лæг мидæмæ нæма æрбахызт, уынгæ ницыма фæкодта, .афтæмæй къæркъæраг фестад: — Гъе, уый дын мæ зæрдæмæ цæуы, æхсызгон мын у, гайтма дæ цард афтæ хорз сарæзтай! Лæджы ныхæстæм мæхимидæг дис кæнын, фæлæ дзуапп радтыныл не стагъд кодтон, æз цæй цард сарæзтон? — Хуымæтæджы дæ нæ хонынц сæрæн гуырд. Дис кæнын мæхимидæг, кæм фесгуыхтæн. Ус мын уыд æмæ йæ æд сывæллæттæ ныууагътон, мæхæдæг ныр мæ- нæмæхъиутæ иунæгæйхæрын. Фæлæ мæиугæруазæг рап- пæлыд, уæд æз дæр мæ уæхсчытыл схæцыдтæн: йæхи чи нæ уарзы! Ницы дзурын, æрмæст хъусын, уазæг мæ фыдимæ лы- мæнæй куыд цæры, иу хæдон сын уæгъд куыд у, цуаны куыд ацæуынц, сагтæ æмæ сæгуыттæ куыд амарынц, уы- дæттæм. (Æз цин дæр кæнын æмæ маст дæр, акæс ма мæ фыд мæрдтæй æрцыд æмæ йæ æз нæма фехъуыстон). Ахæм дзурæгмæ цы зæрдæйæ хъуыстаин, уый мæ уавæ- ры чи бахауа, уымæй дарддæр ничи базондзæн, фæлæ мæм уæддæр диссаг каст: æнæ хъуыддаг нæ уыдзысты æмæ сæ балцы аххос чысыл куы фергомдæр кæниккой. Æниу сæ мæ зæрдæ базыдта, фæлæ... — Ныр куы ныздæхон, уæд дын дæ фыдæн фæдзурдзы- нæн дæ хабæрттæ. Дæ цард куыд хорз сарæзтай, уыдæт- тæ. (Æз сагъæсы ацыдтæн, зæгъын, мæ ацы дзæгъæл^зых мæрдтыбæсты дæр фæфидиссаг кæндзæн. Бахатыдтæн æм, зæгъын, дæ хуыцаумæ скæс, мæ фыдæн мацы зæгъ). ...Дзæвгар куы аныхас кодтам, уæд лæг чысыл ферхæ- цыд æмæ стæй, цыма, дунейы дæгъæлтæ мæ къухы уыды- сты, уыйау мын зæгъы: — Алкæмæн æххуыс кæныс æмæ мæнæн дæр хъуамæ баххуыс кæнай. Мæ чызджы... — Дæ чызджы дын институтмæ айсын кæнон?—лæджы кæронмæ дзурын нал бауагътон, афтæмæй дзырд мæхимæ айстон, уымæн æмæ уайтагъд базыдтон, уазæджы, мæ «хæстæджы», цы зæгъын фæндыд, уый. Мæ «хæстæджы- тæ»-иу кæддæриддæр хъуыддагмæ конкретон æгъдауæй куы рахызтысты, уæд-иу сæ ныхас уымæй райдыдтой. Р^æ хъуыды йын кæй бамбæрстон, уый йын æхсызгон куыднæ уыдаид, аныр мыл атыхса, афтæ ’рбайхъуыст дуа- 224
ры къуырцц-къуырцц. Мах не ’ртæ дæр басабыр стæм. Æнхъæлмæ кæсын, зæгъын, кæд мæнмæ уыд, уæд ма но- джыдæр æрбахойдзæн дуар. Бирæ мæ нæ бахъуыд æн- хъæлмæ кæсын. Æрбайхъуыст та дуары къуырцц-къуырцц. Фестадтæн æмæ дуар нæма бакодтон, афтæ иу чызгус мæ хъуырыл ацауындзæг, фырцинæй кæуы, гайтма, дам, мæ цæстытæн уый фадат фæцис, æмæ дæ федтон. Уымæн дæр та йæ фарсмæ йæ чызг урс уæрыччы лæуд кæны. Бафиппайдтон, чызгус мæн хорз чи зыдта, уыдонæй консультаци кæй райста, уымæн æмæ мын къæсæргæрон радзырдта, мæ мады мын хорз кæй зоны, фæлæ рагæй кæй нал федта, уыцы фыд дæр мын кæй нал уыд, уый дæр фе- хъуыста. Мæ бинонтæй хицæн кæй уыдтæн æмæ æнкъард цард кæй кæнын, уыдæттæ дæр зыдта, фæлæ йæ цæстæн- гасæй бæрæг уыд, йæхи хъуыддагæй дарддæр æй ницы æн- давы. Мæ ног «хæстæджытæ» мæ «табуафси» зæгъын дæр нæ бауагътой, мæ иувæрсты æрбацъелф кодтой мидæмæ. Æз уысмы бæрц дæр нæ бафæстиат дæн къæсæргæрон, фæндыд мæ, «хæстæджытæ» сæ кæрæдзийыл куыд цин кæндзксты, уый мæхи цæстæй фенын. Фæлæ мара зæгъ, цыма, уазджытæй сæ иутæ туркæгтæ уыдысты æмæ, иннæ- тæ та англисæгтæ æмæ, цыма, кæрæдзи æвзаг не ’мбæрс- той, уыйау се ’взæгтæ ныххаудтой. Уæддæр ма хорз у æмæ мæм ахæм рæстæджы ис фæцарæхст. Уазджыты сæ кæрæ- дзийæн базонгæ кодтон. Ныхас кæнæм. Дзурæм алцæуыл. Мæ «хæстæджытæ» кæрæдзимæ дзурын куы суæндыды- сты, уæд æппæлын райдыдтой сæ сывæллæттæй. Ахуырмæ сын тынг æвзыгъд сты, фæлæ алцы дæр хицауы фæдыл у, .ныр бузныг хуыцауæй, мæн сын ссардтой, æз хъуамæ уон сæ хицау, æз сæ хъуамæ айсын кæнон институтмæ. Уы- мæн æмæ, (сæ ныхæстæм гæсгæ), æз ам, горæты цæрын æмæ алкæй дæр зонын, лектортимæ кæрдзын хæрын (цæ- мæй зыдтой, кæрдзын цы лектортимæ хæрын, уыдон мын мæхи фыртæн æвзæр бæрæггæнæн кæй ныххырхтой, уый). Уыйбæрц мæ феппæлыдысты, афтæ бæрзонд мæ систой, æмæ мæм паддзæхтæ дæр мыдзбырты хуызæн кæсын рай- дыдтой. Абитуриенттæ дæр —фидæны студенттæ, абоны æв- зыгъд, фæлæ «æнæхицау» чызджытæ мæм сæ цæстытæ ныццавтой, раст, цыма, арф хуыдымы бахаудтой æмæ сæ, цыма, зæххыл мæнæй дарддæр ничиуал фервæзын кæн- дзæн, уыйау. Чызджытæм кæсгæйæ, мæ æрфæндыд, æцæг дунейы дæгъæлтæ мæ къухы куы уаиккой, æмæ сын куы баххуыс кæнин, фæлæ... Æз ахæм уавæры бирæ хæттыты бахаудтæн æмæ-иу кæддæриддæр дзуапп раттыы дæр сфæ- 15. Харебаты Л. О 225
рæзтон, фæлæ мыл ныр цыдæр æндзыг бафтыд. Æрæджы- йау мæ тыхтæ æрæмбырд кодтон, аныр мæ дзых фæхæлиу кæнон æмæ сын зæгъон: «Мæ бон уын ницы у баххуыс кæ- нын», афтæ та чидæр дуар æрбахоста. Æз та мæ ног «уа- зæджы» размæ атындзыдтон. Къæсæргæрон лæууыд иу æвзонг лæппу, йæ къухы гæххæтмæ æркаст æмæ мæ стæй афарста: «Ды Барсæгаты Хох дæ?» — Гъо! Цы хабар у? — Мæ фыд мæ дæумæ рарвыста, уымæ, дам, ацу, уый> дам, дын баххуыс кæндзæн. (Æз та хъуыддаг бймбæрс- тон)... — Иугæр афтæ у, уæд мидæмæ рахиз... Мæ ног уазæджы райдыдтон фæрсын йæ ныййарджы- тæй, фæндыд мæ, искæй сæ куы ’рхъуыды кæнин, искæй сæ дардмæ уæддæр куы федтаин, фæлæ алцы мæнæй араз- гæ кæм у? Уазджытæ, мæ «хæстæджытæ» мæнмæ нал банхъæл- мæ кастысты, сæ фæндаггæгтæ систой æмæ фынг айтыгъ- той. Схъæлдзæг сты, худынц, цин кæнынц, мæнæй-ма, ахæм, «хицон» сын дæн. Раст, цыма сæ хъуыддæгтæ балхынцъ кодтой æмæ сæ мæнæн хæрзбон зæгъыны йеддæмæ ницы- уал хъæуы, уыйау мын уæлæуæз ныхæстæ кæнын дæр рай- дыдтой. Æз нæ хъазын, мæн худынмæ не ’вдæлы. Уазджытæ мæм уыйбæрцæй æрбамбырд уыдзысты, уый æнхъæл ни- куы уыдтæн æмæ хуыссæнгæрзтæ не ’рцæттæ кодтон. Æнпу ’мæм уазæг та куыд нæ цыд, фæлæ-иу мын уыдон афтæ æввахс «хæстæджытæ» нæ уыдысты æмæ-иу мæн куы фед- той, уæд-иу уазæгдонмæ ацыдысты æхсæвиуат кæнынмæ. Ныр æз ахæм æввахс «хæстæджыты» уазæгдонмæ цы цæс- гомæй арвитдзынæн. Фæлтау мæхæдæг, фæлæ хæйрæг ба- уæндæд уый зæгъын. Æрмæст мæ фынджы алыварс бад- джытæ куыд бафиппайдтаиккой, афтæ мæ сахатмæ æр- кæс-æркæс кæнын. Фæлæ мæ уазджыты æз куынæуал æн- дæвтон, уæд ма сæ мæ сахат кæм æндæвтаид. Æрæджиау мæ сæ иу куыддæрты бафиппайдта, æмæ мæ афарста: — Искуыдæм тагъд кæныс, мыййаг? Мæн ма æндæр цы хъуыдис, къæркъæраг фестадтæн, зæгъын, сымахыл циныл фæдæн æмæ «æхсæвы сменæйы» кæй кусын, уый, зæгъын, мæ айрох, ныр мын сымах баха- тыр кæнут, мæнæ уын хæдзар уæ бар кæнын æмæ йыл ба- фидаут. — Уазджыты æфсæрмæй иу бон куы бафæстиат кæнай, уæд дын кæд ницы зæгъиккой,— барджынæй мын загъта,. 226
мæ фыднмæ сагтæ æмæ сæгуыттæ чи фæмары, уыцы уазæг. — Бæргæ, — сдзырдтон æз дæр къæмдзæстыгæй, — фæ- лæ «цехы хисдæр» дæн æмæ мын æндæр фадат нæй, хъуа- мæ ацæуон. Сразы сты. Æз тагъд-тагъд акодтон мæ дарс æмæ, цы- ма, ахæстонæй ранрвæзтæн, уыйау уынджы рогæй сулæ- фыдтæн. Цин кодтон, зæгъын, кæд ахсæв сæрибарæй баулæфин, фæлæ та мыл ам дæр æнамонд хабар сæмбæлд: тагъд- тагъдæй мæ мæ паспорт хæдзары айрох, æмæ мын уазæг- донмæ бацæуæн иæ уыд, фæлæ æз уæддæр хæдзармæ нал раздæхтæн, æхсæв-бонмæ уынджы тезгъо кæнгæйæ сбон кодтон. Райсомæй дæр хæдзармæ нæ тагъд кодтон, фæлæ мæ куыстмæ цæуын хъуыд, зæгъын, ныр сбон æмæ сæ алчи- дæр йæ сæрæн сæрфат ссардтаид. Уыцы хъуыдытæй мæхи рæвдыдтон/ Уазджытæ — мæ «хæстæджытæ» — цы уыдысты, иуахæм ма баисты æхсæ- вы, афтæмæй уаты алы къуымты батымбылтæ сты æмæ фынæй кодтой. Чи дзы чи уыд, чи дзы кæй цуры фыиæй кодта, уый хæйрæг дæр нæ равзæрстаид. Цæрæнбонты сæ кæрæдзи цæстæй дæр чи нæ федта, мæ уыцы «хæстæджытæ» хотæ æмæ æфсымæртæй агæпп кодтой. Базонгæ та дæн иннæ ног уазджытæ-«хæстæджытимæ» дæр. Уыдон дæр та ахуырмæ сты æвзыгъд’, фæлæ та уыдон дæр — æнæхицау. — Цы, уый зонут? — уазджытæ фынджы алфæмблац куы ’рбамбырд сты, уæд сын æз райдыдтон дзурын. Уыдон сыгъдæг хъустæ фестадысты, цыма мæ дзыхæй сыгъзæрин- тæ скалдзынæн, афтæ сæ алчи дæр къæппæввонг сси, — æгæр бабирæ стут æмæ институты ректор куы фестон, уæд- дæр уе ’ппæтæн мæ бон баххуыс кæнын нæ бауыдзæн, фæлтау афтæ бакæнут, æмæ хал аппарут, æмæ уæ кæй хал схауа, уый йæхи нымайæд студентыл. Уазджытæ — мæ «хæстæджытæ» кæрæдзимæ бакæсты- тæ кодтой, фыццаг сæм мæ ныхас аив нæ фæкаст, фæлæ сæ алчи дæр йæхимидæг алыг кодта, ома æнæмæнг мæ хал схаудзæн æмæ æмдзыхæй сдзырдтой: — Разы стæм! Æз куыстмæ ацыдтæп! Изæры мæ «хæстæджыты» фе- нынмæ ратагъд кодтон. Æнхъæлдтон, зæгъын, кæй хал схаудта, уымæй’ дарддæр хæдзар’ы никæйуал баййафдзы- нæн, фæлæ кæртмæ нæма бахæццæ дæн, афтæ хатæнæй загъд, хъæлæба хъуысы. Цæвиттон, мæ «хæстæджытæ», 227
æнæхъæн бон хал æппаргæйæ баизæр кодтой, æмæ дзы ахæм нал баззад, дæс-фынддæс хатты дзы кæй хал не схаудта, фæлæ сæ иу иннæйы институтмæ нæ «уагъта» æмæ ныр кæрæдзимæ марæн кæрдтæ райстой. Куыддæр дуар бакодтон, афтæ мыл мæ «хæстæджытæ» сæхи æрбаппæрстой æмæ мын сæ алчи дæр лæгъстæ рай- дыдта. — Фервæзын нæ кæн, фервæзын нæ кæн (ома, хæлттæ æппарынæй). Æз джихæй баззадтæи, иудзæвгар æнæдзургæйæ алæу- уыдтæн, стæй та мæхимидæг мæ «хæстæджыты» анымад- тон æмæ, райсомæй куыстмæ цæугæйæ кæй ныууагътон, уыдон изæрмæ дыууæ хатты фæфылдæр сты, уый куы ба- зыдтон, уæд ма мæ тыхстæй сдзырдтон: — Сымах та мæн фервæзын кæнут!!! — æмæ хæдзары дуар мæ фæдыл ратъæпп кодтон. «ÆЗ ПАТРИОТ ДÆН» — Мæ цæрæнбонты фыдæбон мын дон йæ бынмæ лас- дзæн! Куыд мæм æрбадзырдтой: «Дæ бон кусын нал у!..» Æмæ æз искæмæн уый раны дæн? Æз патриот дæн, æз Ирыстоны бирæ уарзын æмæ кæд мæ бон кусын нæу, уæд- дæр æй бирæ кæй уарзын, уый тыххæй мын хъуамæ æп- пæт дæр хатыр цæуид. Æниу дын чи фæхатыр кæндзæнис, кæм ис, уый чи æмбары, ахæм? Пенси, дам, дзæбæх исыс æмæ, дам, бынат фæсивæды бар куы бакæнис. Æмæ Ирыс- тон ацы иу бандонмæ æрхаудта, кæд фæсивæды афтæ би- рæ уарзут, уæд сын уæ бандæттæ цæуылнæ дæттут, патри- оттæ уæм ахæм бирæ ис? Мæныл ма уæ цæст хæцы, æмæ мæн дæр федде кæнут, стæй уæ хæдзар сарæзтат! Дæ куы- стæн, дахМ, йæ а-б-етæ нæ зоныс. Æмæ сæ чи зоны, уый сæ йæ мады гуыбынæй рахаста? Патриот дæн, — сахуыр уы- дзынæн! Цæрæнбонты мæ туг уымæн фæкалдтон, æмæ ныр мæ сæр æфснайыны куыст бакæнон? Ды, дам, пенси дæр исыс æмæ, дам, мызд дæр. Æмæ цас диссаг у, кæд пенси исын æмæ иу уыйбæрц та мызд, уæд? Дæ бынат, дам, спе- циалисты бынат у, æмæ, зæгъ, дзыкусгæ дæр хъуамæ уый кæна. Хорз, специалист ссарæд, фæлæ мæ хуызæн патриот дæр ссардзысты? «Неужели», амæй хъауджыдæр патрио- тæн аргъ нал ис? Уæд та, дам, дæ пенсийыл дæ къух сис, æмæ афтæмæй бакус. Æмæ æз кусынæн куы уыдаин, уæд мын пенси чи лæвæрдта! Науæд мæ пенсийы кæцæй ар- выстой, уым мæ цæуылнæ ныууагътой, æви уыцы стыр бы- 228
нат æндæр кæйдæр æрхъуыдис? Ау, уым дæр амæй хъау-- джыдæр куы ницы арæзтон. Æниу, афтæ дæр цæмæн дзу- рын, цæмæн? Иу хæстæг, иу хион ма мæ истæмæй рахъаст’ кæнæд? Чидæриддæр мæм сæ цæмæфæнды дæр цыдаид, йæ къух дзы кæмæн нæ сарæзтон, уый ма йæхи схъæр кæ- нæд! Исты сæ мæхи дзыппæй истон, мæнæн ис, уæд — дæ-- уæн дæр! Æмæ афтæ куынæ уыдаин, уæд мæнæй цæй пат- риот уыдаид? Баулæф, дам! Æмæ улæфгæ нæ кæнын, цы мыл стыхс- тысты, науæд мæ цы аразгæ уынынц? Мæй дыууæ хатты мæ къух мыздыл бафыссын æмæ, уый цас диссаг у, æуы- мæй мын тæригъæд кæнут? Æниу уæ æз бузныг дæн, уæ’ патриот пексионерæн ахæм цыт кæй кæнут, фæлæ уæм хатт фæхъыг вæййын, бандон, дам, уæгъды ахсы! Æниу уый дзурджыты дæр зонын. Æмæ чи сты, æнхъæлут? Дæ зæр- дыйæ, исчи... Кæм цы магуса ис, уыдон! Æмæ цæуылнæ кусынц, кæд патриоттæ сты, уæд? Мæныл цæуылнæ ахуыр кæнынц, мæ бандоны сæ ныхтæ цы ныссагътой. æз патри- от хуымæтæджы куынæ дæн!.. ИУÆИ-ИУ «ПАТРИОТТÆ» Иры уарзт сæ риуты ссудзы, Физонæг куы фенынц, уæд! Гъеуæд сæм сæ зæрдæ сдзуры, Гъеуæд ыл фæкæнынц мæт! Гъеуæд сæ фæфæнды, хъуырыл Иры зæхх æгънæгау дарын! Гъеуæд сæм фæкæсы амонд Уый сæрыл мæлæт ссарын!.. Фæлæ... Физонæгæй ахсæн р’ афтид Æмæ сæр нæ зилы сæнæй, Уæд Иры мæт? Нæ! Иæ кой дæр Цъыфмæ аппарынц сæ сæрæй! 1964 аз. 229
КЛЯУЗНИК, ДАМ, ДÆ Уый цы хъусын! Уый мæнæй цытæ дзурут, æппын уын хуыцауы хай нæй, æви? Ау, куыд хъуамæ уа, æмæ æз ис- кæуыл хахуыртæ ныффыссон? Æппын уын цæсгом нал исг Науæд мæ æндæр цы схуыдтаиккат, уый уын нал уыд, кля- узник та цы дзырд у, æз цæрæнбонты æуымæй куы тарс- тæн æмæ мæ фыстæджытыл мæ ном дæр уый тыххæй куы- нæ фыстон, зæгъын, куы мæ базоной æмæ мæ адæм кляуз- ник куы рахоной! Уæд де ’взаг куыд фæтасыдис, мæн куыд рахуыдтай кляузник? Неужели, æнæном фыстæджытæ чи фервиты, уый кляузник у? Æмæ уæдæ фельетонтæ чи фæ- фыссы, уый дæр кляузник у, кæннод та газеты раззаг уац- тæ чи фæфыссы, уый дæр кляузник у, йæ ном фыст сыл цæуылнæ вæййы? Ды, дам, кæй ныффыссыс, уый, дам, раст нæ разыны. Куыднæ разыны раст, хилдасджытæм квптанци чи райсы, уыцы клиенты сæгъы æлвыдтытæ скæнынц, зæгъгæ, уый раст нæ уыдис? Бæгуыдæр, раст уыд! Науæд," конкретон лæгыл, дам, нæ фыссыс æмæ та уымæй дæр дæн азым- джын? Æз дын арсы фенын кодтон, ды та йæ æхсгæ фæ- кæн. Æви дæ уый фæнды, æмæ алцæуыл æз куы дзурин? Дæ фыстæджытæ, дæ хъæстытæ æвзарыныл, дам, бахъуы- дыстæм! Æмæ ма уæм мæнæй дарддæр исчи фыссы? Ни- чи! Æхсæнадæн, дам, зианхæссæг, дæ! Цымæ, уæд уый та цæмæн? Гæххæтт, дам, бирæ хардз кæныс, æмæ та гæххæтт дæр давгæ кæнын, мæхи капеччытæ йыл куы акалын... Ды, дам, кæмæ æрбамæсты вæййыс, ууыл, дам, ных- хыррытт кæныс. Уæдæ мæ хæдзардарæгыл хъæстмæ цæу- дзыпæн, цæмæн мæ смæсты кæнынц, лæг хъуамæ зона, хъуыддаг æй кæимæ ис, уый! Растæй, зылынæй, дам, никæй æвзарыс, æмæ та уый дæр диссаг у, фыдæлты зондджын æмбисонд нын афтæ нæ амоны: «Расты, дам, цæв æмæ зылын рабæрæг уа?» Хъæубæстимæ, дам, цæрын хъæуы. Æмæ хъæубæстæ сæхæдæг демæ куынæ цæрой, уæд сæ йæ хъуырыл æгънæ- гæн кæм бахуыйдзæнис? Иудзырдæй, мæнæн зæндтæ мачи амонæд, æрмæст уæ курæг дæн, кляузник мæ ма хонут! Неужели, æз кляузник дæн? Абсус! 230
* * * ’Хсыны æхсынæнтæ, Дзуры: æхсдзынæн дæ. Систа нæ хуыздæрты милмæ! Сдзуры: æвзæр дæ ’мæ... Бахъавы зæрдæмæ. Ма ’нхъæл: куыдзау рæйа мигъмæ... Зилы нæртон мусы, Дары дыууæ усы, У алы хъуыддагæй æххæст! У нын фыдхъалонау, Уасы ныл халонау, Рахауа уастæн йæ цæст! Зонæм: сыхæгтæм ныл Худæг ныхæстæ ныл, Гъе, мардзæ, алывыд мысы. Дзурынц дзы: ахæм хъуыд Растдæр мах ахæм гуырд... Æмæ сæ худын нæ сысы. Хъазы фыды худæй Æмæ ирон удæй, Хъары къæлæтджыныл Иры... Бады ныр уал азы Æмæ цы аразы: Хохæн йæ фæстаг туг цъиры! Мах та нæ «лæгæтты» Бадæм — æхгæд уæтты, Æмæ нæ хъусæм, нæ уынæм!.. Исчи кæд не ’хсæнæй Разыны йе ’хсарæй,— Уайтагъд æй радтæм нæмынæн! 1984 аз. 231
ЦÆЛИ Æнхъæлмæ кæсын нал фæразы Цæли. Уæдæ хонæг куыд æрæгмæ зилы. Æхсаратæ сæ чындзæхсæв кæд ар- гъæвтой æндæр бонмæ, уæддæр æй хъуамæ исчеуылты фе- хъуыстаид Цæли. Куыдз дæр бындары куыдз фæуæд, асин- тыл дæлæмæ-уæлæмæ цоппай кæны æмæ, йæ къæхты уы- нæр куы фæцæуы, уæд та Цæлийы зæрдæ ныссæххæтт кæ- ны, хонæг æй фенхъæлы. Ракæсы кæртмæ æмæ балкъоныл сæ мила куыдзы куы ауыны, уæд та йæ расуры. «Ацы хатт ма кæд схиза балкъонмæ, уæд ын хъуамæ æндзарæнæй йæ фæрстæ дзæбæх снæмон, йæ цæрæнбонтæ дзы куыд ферох уой», — йæхимидæг бартхъирæн кодта куыдзмæ. Цæли чындзæхсæвмæ йæ дæндæгтæ рагæй фæцыргъ кодта, æмæ иугæр чындзæхсæвы бон куы ’рцыд, уæд та йæм хонæг ныффæстиат. Цæуа æнæхонгæйæ, æмæ йæ ацьг хатт исчи куы ’рхъуыды кæнид, уый йæ фæнды. Ныр æртæ боны колхозы куыстмæ йæ къах цы чындзæхсæвы* тыххæй нæ авæрдта, уый ирвæздзæн. Бæгуыдæр ирвæздзæн, «Цæ- ли, чындзæхсæвмæ нæм рацу» зæгъæг куы нæ уа, уæд. Уæдæ хонæг куы уыдаид, уæд æй цы бабастаид нырмæ хæ- дзары? Иæ дарæс дæр ног итувæрдæй раджы куы скодта. — Цом, кæртмæ уæддæр ахизон, ам мæ бæтгæ бачындæ- уыд? — загъта æмæ, йæ раст хæлафмæ кæсгæйæ, асиныл уæздангомау æрхызт. Кæрты бирæ нæ фенхъæлмæ каст Цæли. Ногхъæуккаг лæрпу-лæг Цæра сæ дуæртты æрхызт æмæ йæм бадзырдтаг — Цæли, хурмæ-ма скæс, хурмæ, сихорафон куы ссис, уæд дын худинаг нæу, дæ хъæубæсты чындзæхсæв уа æмæ- ды та хæдзары лæзæрай? Цæлимæ исдуг хардзау фæкаст, зæгъгæ, мæ цы хъазы, фæлæ та уæдмæ Цæрайы дзырдтæ йæ хъустыл ауадысты: — Æхсараты хонджыты хъæр, æвæццæгæн, дæ хъустыл не ’рцыд, æндæра афонмæ хъазты астæу сирис! Цæрайы дзырдтæ Цæлийы зæрдæ уæрыккау скафын кодтой: «Æвæццæгæн, нæм хонæг уыд æмæ йæ æз нæ фе- хъуыстон, уæдæ Цæра цæмæн афтæ зæгъы: «Æхсараты хонджыты хъæр нæ фехъуыстай», — ахъуыды кодта æмæ цинæй байдзаг йæ зæрдæ. — Æз та афтæ æнхъæлдтон хонæг нæм нæ фæцис,— загъта æмæ Цæраимæ фæраст. Чындзæхсæвмæ нæма бахæццæ сты, афтæ къухæм- дзæгъд сытынг æмæ сæ кæйдæр хъæлæс райхъуыст: — Фæсивæд, Цæрайы кафт, Цæрайы! — æмæ йæ размæ рауадысты. 232
Цæли æвиппайды нæ бамбæрста, сæ дыууæйæ хъазтмæ- кæцыйы хонынц, уый æмæ дардæй «æрс-æрс» кæнгæ ба- сыртт-сыртт кодта хъазтмæ. Фæндырдзæгъдæг ма æнæбары йæ фæндыр ивæзта, къухæмдзæгъд та бынтондæр банымæг. Фæлæ сæ бæсты Цæли йæхи хъæлæсыдзаг «æрс-æрс» хъæр кодта. Иу чызг нал уагъта, алкæимæ дæр æй кафын фæндыд, фæлæ-иу ыл бирæтæ сæ былтæ асчъилтæ кодтой æмæ-иу хъазт ныу- уагътой. Чи та-иу йе ’мбалы хъусы бадзырдта: — Мæ къонайыл, ацы кафынмондаг чи у, кæцæй æр- хаудта? — Куы ма æрлæууид, уый йеддæмæ мæ ницыуал хъæуы. *—Бакæс ма йæм, уаллонау райвæз-байвæз кæны. — Цымæ йæ кафтæй йæхи зæрдæ нæ хæццæ кæны? — Цæли, дæ дзабыртæ ма дæ искуы бахъæудзысты! — Тæрсгæ сын ма кæнут, уыдон чи сфæрæз кодта, уый нырма æгас у! — йæ кафт нæ уадзгæйæ дзуапп радта Цæ- ли. — Мæлæты лæг, уый цы кусаг у!—чысыл фалдæр зæ- рæдтæ бадтысты æмæ кæрæдзимæ бадзырдтой.- Адæм цыма бадынхъус сты, ахъуыды кодта Цæли. Иæ зæрдæйы мæт бацыдис, мыййаг та æвзæр бынаты бадт куы фæуон, зæгъгæ. Кæмдæр чындзæхсæвы æнæхай баззад йе ’взæр бынаты тыххæй, уарæг æй нæ «федта». Æниу æй хайуарæг куыд нæ федта, фæлæ Цæли алы чындзæхсæвы, алы куывды, алы хисты æппынæдзух æнæхуынд «уазæг» кæй у, уый зыдта æмæ йæхи афтæ ракодта, цыма Цæли чердыгæй бады, уыцы фарсы ’рдыгæй йын цы цæст ис, уымæй дзæбæх не ’взары. Æниу ын йæ риуыл бахæцæд уыцы хайуарæг, иæ цуры чи бадтис, уыдон рæзты фынг- тыл ницыуал ныууагъта, кæй онг æххæссыд, уый онг æв- нæлдта. Уый цы уыд, уый уыд. Ныр ыл афтæ мауал хъуамæ æр- цæуа. Сбада æви ма банхъæлмæ кæса, «æрбад» ын цалын- мæ зæгъой, уæдмæ? «Æмæ мын зæгъгæ дæр цæуылнæ хъуамæ кæной, æз дæр ардæм хуынд уазæг дæн, фæлæ мæ- цæмæн хъæуы мæхи хъæуы мидæг уыцы буц митæ?» — ахъуыды кодта æмæ бандонмæ ацыд. Йæ дзыппæй газет фелвæста, йæ быны йæ айтыгъта, фæлæ йæ зæрдыл æрыф- тыд: ардыгæй уырдыглæуджытæ фæлæууынц æмæ йæ исчи «æнæбары» сæнæй куы сахура. Уыцы сæррæтт бакодта фынджы сæрты æмæ уæлейæ хисдæрты фарсмæ уæзданго- маг рабадт. Фысымы хуынд адæм дæр райдыдтой бадын. Цæли уæлийæ фынджы сæр цæргæсы бадт бæргæ æркод- та, фæлæ йæм чидæр бахатыд: 233.
— Цæли, уазæджы дæ уæлейæ куы ’рбадын кæнис! Цæли цыма ацы хъуыддаг нæ зыдта, уыйау фестъæл- фыд, йæ митæ йын куыд зонут, афтæ уазæджы «кад» æмæ «радæй» йæ уæлейæ æрбадын кодта. Иæ газет дæр уазæ- гæн ныууагъта, йæхимидæг та йæ хæлафы мæты бацыд, фæлæ та уæдмæ чидæр бадзырдта: — Цæли, ды дæр хуынд лæг дæ, фæлæ уазæг уæддæр рæвдауинагдæр у, дæ уæлейæ йæ куы ’рбадын кæнис! Цы гæнæн та йын уыд, дæлдæр та абадт. «Цæй ницы кæны, ам дæр мæгуырау бынаты бадт нæ фæдæн», — хъуыдытæ кодта, фæлæ йæ йæхæдæг дæр нæ базыдта, фынджы сæр бадгæйæ фынджы кæронмæ куыд ахæццæ, уый. Бирæ йæ нал хъуыди фæсивæды цурмæ. Æниу йæхæ- дæг дæр æвзонг у, фæлæ фынгыл сæ цуры бадын нæ уарзы. Уыдон раз сæр æмæ бæрзæй ничи фендзæн, зæгъгæ, стæй дзы бирæтæ бадгæ дæр не ’ркæнынц, фысым дæр сыл тынг нæ фæтыхсы, нæхи лæппутæ сты, зæгъгæ, æмæ сын сæ ра- зы чысыл цыдæртæ авæрынц æмæ ууыл фæвæййынц. Хуыцау хорз у, сæны боцкъатæ дзы стыртæ зыны, Цæли та кæд йæ мондæгтæ суадзид. Рæгъ рæгъы фæстæ цæуы æмæ дзы Цæли иу сыкъа дæр не здахы — фæрсудзы сæ. Уазджытæй йæ чидæртæ базыдта, нозтыл йæ бындуртæ чи хæры, ахæм кæй у, уый æмæ йæм «нуазæнтæ» ныцауæз- той. Фысым йе ’рхонгæ адæмыл йæ цæст ахаста, кæй хуыд- та, уыдонæй йæм чи æрцыд æмæ дзы чи не ’рцыд, уый ба- .зоныны тыххæй. Ие ’рхонгæ адæмы кæрон федта Цæлийы дæр, хъыг ын уыдис. Ахъæвдтытæ кодта, куыдзы тард æй фæкæнон, зæгъгæ, фæлæ ирон фынгæй лæджы ничи стын кæны, æмæ фысым дæр йæ иу фæрсты ахызт, йæхи афтæ равдыста, цыма йæ нæ федта. Хисдæртæ нæ рох кæнынц сæ кæсдæрты, уæлийæ сæм хæйттæ, нуазæнтæ æрвитынц æмæ та Цæли фæгæпп кæны, йæ сæрæй акувы æмæ та нуазæн быннозт акæны, стæй нард кæрдих йæ дзыхы бап- пары, æмæ йæ хæмхудтæ асæрфы. Хисдæртæй ма кæйдæр хай рарвитын фæндыд, фæлæ Цæлийы тæсæй рарвитын .дæр ничиуал бауæндыд, «уыцы хæмхудджын та сыл йæхи, куыдзау, ныццæвдзæнис», зæгъгæ. Æрбадт кæм вæййы, уым сыстад дæр вæййы. Фæсивæд куы аминас кодтсл, уæд фестадысты. Стын райдыдтой хис- дæртæ дæр. Сыстадысты Цæлийы уæлейæ бадджытæ дæр. Цæлийæн йæ уæлейæ адæм куыд стынц, афтæ уæлæмæ- уæлæмæ быры, кæцæйдæр йæ мила куыдз дæр фæзынд -æмæ, фынгтæ стæргæ, фынджы сæрмæ схæццæсты. «Ныр *234
мын ницыуал у, ныр хисдæрты бынаты ’рбадтæн»— загъ- та, æмæ, цыма хъæдæй æрцыд, афтæ ’рывнæлдта. Æнæха- ир фæуæнт зивæггæнаг уырдыглæуджытæ, сæн та дзы куыд нæ уал уыдаид, фæлæ сæфсон кодтой, сæн фæцис, зæгъгæ, жмæ Цæлийы фынджы сæр бадгæ ныууагътой. Цæлийæн дæр йæ цæстытæ уырдыглæуджыты фæстæ ахъоппæгысты- æмæ йæ рон суагъта. ХЪЫЛМА Кæцы ирон лæг нæ фехъуыста дзырд: хъылма? Зæгъæм: хъылма фæткъуы. Никуы йæ бавзæрстай, адæймаг ма йæ дзыхы мастдæр, кæнæ та хъылмадæр цы баппардзæн? Иу- гæр дзы фæхъæстæ дæ, уæд ма цыфæнды адджинæгтæ хæр, дзыхы маст кæд æмæ кæдмæ не ссæуы! Æвæдза, æрдз дæр диссаг у: ахæм хæрзад, алыгъуызон фæткъуыты цур сфæлдыста хъылма фæткъуы дæр. Æвæц- цæгæн, æрмæстдæр уымæн, цæмæй мах маст æмæ адджын кæрæдзийæ æвзарæм. Стæйдæр дын бар ис, иугæр маст у, хъылма у, уæд æй зоныс æмæ дзы ма бахæр, дæ д.ш.х ма смаст кæн... Фæлæ афтæ æнхъæлут, æмæ æрдз хъылматæ æрмæст дыргътæ æмæ зайæгойтæй сфæлдыста? Уæд сыл хъæцик- кам. Уæлдæр ма куы загътон: дæ бар дæхи у æмæ йæ дæ дзыхмæ ма схæсс. Фæлæ адæймаг хъылма куы уа, уæд та дзы дæхи куыд бахиздзынæ? Æниу, ахæм хъылма адæй- мæгтæ бирæ не сты, фæлæ уæддæр фаг сты. Зæгъæм, æр- мæст сæ иу — Джинаты Хасмелы кой ракæнæм. Йæ хуыз- мæ йын бакæс æмæ раст — худгæдзуар. Бæрзонд, бæзæр- хыг, онгджын, фидауцджын, раст æлвæст æхсаргард! Ца- лынмæ демæ нæ аныхас кæыа, гъе, та йæ цалынмæ æндæ- римæ дзургæ нæ фехъусай, уæдмæ зæгъдзынæ: тæхуды, ахæм номыгуырд йæ уæзæгыл кæмæн ис! Фæлæ иугæр емæ базонгæ дæ, уæд ныккæрздзынæ æмæ сдзурдзынæ: мæгуыр у, ды кæй уæзæгыл дæ æмæ демæ алыбон цæрын кæй хъæ- уы! Адæм лæууынц рады. Хасмел дæр фæзынди. — Ам цæуыл джиут! — сдзырдта Хасмел радылæуджы- тæм, — æви уын куыстаг ницы ис? Æниу сымах хуызæн «бездельниктæн» куыст та чи ратдзæн! Уыцы ныхæсты фæстæ Хасмел уæйгæнæгмæ фессæста: — Æнæсмудæн, ам дæм кæдмæ хъуамæ дзыназон, æви нæ уыныс?! 235
* * * ...Адæм æдзынæг бадынц æмæ артисты алы фезмæлд, алы архайд, алы дзырдмæ дæр лæмбынæг хъусынц. Спек- такль схæццæ кульминацион тæпмæ. Артист йæ ролы аф- тæ тынг бацыд, æмæ йæ цæссыг ихуарæгау згъалы. Адæм æм кæсынц æмæ уыдон дæр къухмæрзæнтæй сæ цæссыг асæрфынц. Æвиппайд, залы, театрдзауты ’хсæнæй, рай- хъуыст æнæмæт, æдылы худт. Цы зонын ма нын хъуыд Хасмелы. Фæлæ хъуыддаг ууыл нæ фæци: — Аку, аку æмæ дын фылдæр бафидой! — Хасмел дзу- ры сценæмæ. # * * ...Уынджы рацæуы иу зæронд лæг, йæ царды фыццаг хатт æрхауд горæтмæ. Зыны йыл, йæ цæстæнгасæй бæрæг у: ацы лæг хохы базæронд. Мæнæ йæ ныхмæ æрбацæуы Хасмел. Зæронд лæг æй «милмæ» систа, куыд ис уый гæ- нæн, æмæ хохы ирон лæг ирон лæджы фæрсты, æнæ салам ратгæйæ, ахиза? — Салам дæ уæд, мæ къона! — зæронд фæраздæр, кæд Хасмел кæсдæр уыд æмæ салам радтын фыццаг ууыл æм- бæлд, уæддæр. — Гъеныр ма цы цух баззайдзынæн, иугæр мын ды са- лам радтай, уæд?! Уыцы ныхæстæм зæронд лæг андзыг. ...Директоры кабинеты раз бадынц цалдæрæй æмæ æн- хъæлмæ кæсынц сæ радмæ. Уæдмæ директоры æххуысгæ- нæг чызг расидт: «Кæй рад уæ у, — рахизæд мидæмæ!» Ра- дылæуджытæ кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой. — Мæ рад у, фæлæ уал ды ахиз, Хазби, ды тыхстдæр дæ, — разæй чи уыд, уый бахатыд, фæстаг хатт чи ’рбацыд, уымæ. — Нæ, нæ, хуыцау бахизæд, — сдзырдта Хазби, æмæ ардæм æнæ хъуыддагæй чи ’рбацæудзæн, ахиз æмæ дæ хъуыддаг сараз. Уыцы ныхæстæм фæзынд Хасмел. йæ «зыиаргъ» сала- мы аккаг сæ никæй скодта. Нæ бафиппайдта, радылæу- джытæ кæрæдзимæ куыд хатыдысты, уый дæр. 236
— Мæн ам, сымахау, мæ ком ивазынмæ не ’вдæлы!— былысчъилтæй сдзырдта Хасмел æмæ адæмы сæрты баф- сæрста директормæ. * * * Æнæкусгæ дæр нæу Хасмел. Кусы, æниу афтæмæй ни- кæй хъæуы, æмæ ма кусгæ куынæ кæна, уæд дзы чи цы кæ- ны! Алчи дæр дзы йæхи бæргæ хизы, фæлæ куыд фæзæ- гъынц: хох, дам, хохыл нæ сæмбæлдзæн, уый йеддæмæ лæ1 лæгыл — кæддæриддæр. Æмæ цæуыл не сдзурдзæн Хасмел, суакг хицауæй йе ’мрæнхъон кусæгмæ сæ кæй кой нæ ра- кæндзæн. — Ды лæг куы уаис, уæд дæ хæдзары фæтк æрæвæ- рис! — бафидис кодта Хасмел Иласæн. — Дæ ус æхсæв- бонмæ посты нæ джиуид. — Хасмел, афтæ цæмæн дзурыс, лæджы цæмæн æфхæ- рыс, уымден йæ ус намысджын адæймаг у æмæ посты те- леграфон хайады кусгæ кæй кæны, уый дæр хорз куы зо- ныс?! — Иласы бæсты Хасмелæн бауайдзæф кодта æндæр. — Ды та цы ’взагæй дзурыс, æнæрæгъыдзыд, ацу æмæ дæ усы бæсты уæларынг балæу! — Гъеныр уый цы хуызæн æвзагæй дзурыс, Хасмел, худинаг дæм нæ кæсы? — бауайдзæф та кодта æндæр чи- дæр. — Æмæ ды дæр дæхи лæг хоныс, фæлхортæй дарддæр дын дæ фысым æнæхъæн дзул дæ размæ куы никуыма æр- хаста, уæд!.. Афтæ — Хасмел æхсæнадон ’уагдæтты, афтæ — Хасмел уынджы, афтæ у Хасмел æмбæлтты ’хсæн. Хасмел уынджы, уагдоны кæуыл рамбæлы, уыдон дзы кæд сæ зæрдæтæ цъæх дæндæгтæй ахæссынц, уæддæр та æнæ зианæй сæ хæдзæрттыл сæмбæлынц. Фæлæ Хас- мел «кусгæ» кæимæ кæны, уыцы æмбæлттæн æгас боны дæргъы кусын ницыуал бантысы, æмæ уый та — дыккаг цæф; маст дæр æвзар æмæ мызд дæр цъусдæр ис! Гъе, уын дын Джипаты Хасмелы митæ! Æвæдза, æрдз дæр диссаг у, адджын дыргъты цур сфæлдыста маст, хъылма фæткъуы дæр. Æниу, уымæн йæ бахæрын нæхи бар у, зоныс æй æмæ йæ тæфтыл ма ацу, фæлæ Джинаты Хасмелæй та дæхи куыд бахиздзынæ? Дæ- хи дзы цасфæнды хиз, уæддæр дыл Джинаты хъылма Хас- мел искуы æнæ рамбæлгæ нæ фæуыдзæн, фæлæ йæхиуыл дæр, уырнæд дæ, æнæ сæмбæлгæ нæ фæуыдзынæ!.. 237
ПОЭТ —ФÆНЫКГУЫЗ Бады, диссæгтæ фæлдисы, У дæлгоммæ сынкъ нæ маргъ... Сахуыр, зарджытæ æлвисы,— У сæ уæз хæрæгæн уаргъ. Ис йæ «зарджыты» — Иры уарзт, Ис йæ зарджыты æппæт. Лæг зæгъдзæн, цыма йæ риуы Бацард ’гас дунейы мæт. Фæлæ макуы зæгъ: нæ Иры Бахъуыд, æйтт, зæгъгæ, æххуыс, Уæд нæ фæныкгуыз поэты Нал вæййы бынтондæр хуыз. Уайтагъд зæрдæйыл фæхæцы Æмæ райдайы хъæрзын: «Уæуу, мæ игæрæй та сау низ Райдыдта нæ пъол мæрзын! Æз цæмæн фæуон дæ фыццаг, Уæ, мæ Иры бæстæ, зæгъ?! Исчи уал хырхæт, æз та дын Аргæвдон дæ куыздæ:: сæгъ. Иунæг дæн мæ усæн, зоныс, Уарзт куынæ фæдæн нырма. Ссар æфсоп: æз дæп дæлæсип, Æмæ хъусæй та — къуыома!
Чи ма дыл фысдзæн, уæд та дын Искуы ахуыссыд мæ зынг. Чи ма дæ уарздзæн мæ фæстæ Уд æмæ зæрдæйæ тынг?! ...Фæлæ иугæр тымыгъ ацыд, Æмæ ракастис зынг хур, Уæд нæ фæныкгуыз поэт дæр Рахæссы йæ сæрыл худ. Иугæр базоны, нæ зæхх мæ Нал æрдомдзæнис æххуыс, Уæд нæ фæныкгуыз поэтæн Скæлы уардийау йæ хуыз. ИУЧИДÆР Кæсыс ын йе ’мдзæвгæ æмæ дын Цæуыл нæ бакæндзæнис мæт, Æз сын сæ зæгъын дæр нæ уæндын, Уымæн? — Барст цæуы æппæт. Кæмдæр æнахуыр зæххыл саби Æрхаудис, аскъуыдис йæ уд, (Уайтагъд ыл ’мдзæвгæты хыз аби), Уæззау ын сисдзæнис йæ худ. Кæмдæр æнахуыр зæххыл мадæн Фыдызнаг акъахта йæ цæст... Уæд уымæн Иры нал ис бадæн, Йæ сагъæс ууыл у æрмæст. Кæмдæр дыууæ туджджынæй чидæр Йæ мæстæй басаста йæ дзырд,— Æмæ та — фехъуыста нын уый дæр, Уæд дын æй рахондзæн цъæх сырд. Кæд саби Афричы бæстæйыл Иæ фыны агуры кæрдзын, Уæд ам нæ поэтæн йæ мæтæй Йæ риуæй сæхъуысы хъæрзын. 239
Кæд искуы сау зæрдæ, фыд адæм Нæ кæнынц стыр фыссæгæн аргъ, Уæд ын ам цард нæ кæны адæн, Иæ риуы ахуыссы цырагъ. Æмæ куыд дардыл у йæ сагъæс, Цæмæй нæ банкъардзæнис рис? Фæлæ чысыл дæ цæстæй ракæс, Йæ гамхуд ын йæ сæрæй сис: Иæ цуры лæг йæ уд куы иса, Куы кæна абæстæн хæрзбон, Уæд ма ’нхъæл, уый зæрдæ фæрисса, Иæ дзыхмæ йын нæ ратдзæн дон-. Зæгъгæ, ыстонг сабийæн фынгыл Иæ къухмæ авæрдта къæбæр, Йæ зæрдæ уæд æрхауы зынгыл, Æмæ дзы схауы дзырд, хъæбæр... Иæ мад, йæ ныййарæгмадбакуырм, Уæлæмæ нал исы йæ онг, Фæлæ дзы абоч дæр нæ сахъгуырд Фæстæмæ не здахы йæ цонг. Сылау дын сомытæ кæндзæнис, Лæгау дын бахæрдзæнис ард,— Фæсфæд та де сæфтмæ бæлдзæнис, Фæсфæд дыл бафтаудзæнис арт.. Кæд дын нæртон лæгау æнтысы, Уый федта: айтынгис дæ цард, Иæ зæрдæ уæд, бецау, нынкъуысы, Æрцæуы йыл æмбойны мард. Зæгъгæ хуыздæр поэты Иры Йæ цуры тæвд уæхстыл кæнынц, Уæд уый дæрдты, дæрдты фæсиры, Нæ тъыссы ахæм ран йæ фындз. Æмæ цæуыл нæ кæны сагъæс, Цæуыл нæ ныккæрзы йæ фыст?! Æрмæст æм азым уымæй ма хæсс! Æввахсмæ не ’нкъары уый рыст. 240
«Æ» ÆМÆ «3» Зæгъынц, зæгъгæ, дам, хох хохыл нæ сæмбæлдзæн, уый йеттæмæ адæймаг адæймагыл — кæддæриддæр. Æмæ куыд æнхъæл стут, ома æрмæст адæймæгтæ фембæлынц сæ кæ- рæдзийыл? Нæ! Сæ кæрæдзийыл ма фембæлынц хъуырау æмæ йе ’мбæрзæн дæр. Зæгъæм, хъуырау ратылд æмæ йе ’мбæрзæныл банцад. Афтæ ма сæ кæрæдзийыл сæмбæ- лынц хъæрнывтæ дæр. Нæ уæ уырны? О, фыццаг мæн дæр нæ уырныдта, фæлæ æз мæхи цæстæй федтон «Æ» æмæ «3» сæ кæрæдзийыл куыд сæмбæлдысты æмæ стæй иу- кæмдæр ныддымстысты, уый. Æмæ куыд æнхъæл стут, мыййаг, Хъæриуы хохыл, кæнæ Бурсамдзелийыл, кæнæ Ре- сы хохыл фембæлдысты «Æ» æмæ «3»? Уæд цынæ вæййы, уæдæ ма хохæй хуыздæр кæуыл рафидауиккой. Фæлæ куыд рафидауой Къæлæуты Гæлæумæ та? Кæд æмæ Къæ- лæ’уты Гæлæу, дæлæмæдæр æмæ уæлæмæдæр, Гæлæуы йеттæмæ ницы у, уæд? Афтæ у æви уфтæ, уæддæр ирон дыууæ хъæрн’ывы «Æ» æмæ «3» кæрæдзийыл сæмбæлдыс- ты раджы, Къæлæуты Гæлæу ма хæрз чысыл саби куы уыд, уæд. Цæвиттон, иу хатт Гæлæуы йæ мад афарста: — Гыццийы зæрдæйы таг чи у? Гæлæу «Æ» æмæ «3» кæрæдзийыл андæгъта æмæ цы- быр дзуапп радта: — Æз! Мадæн æхсызгон уыд йæ чысыл фырт зæлтæ иу кæнын- мæ кæй арæхсы æмæ та йæ афарста: — Гыццийы дзæбæх лæппу та чи у? Æмæ та уыд дзуапп: — Æз! Мад нал æфсæст фырты «цыргъ» дзуаппытæй æмæ та йæ афарста: — Гыццийы карк, æмæ лæппуты хуыздæр та чи у? 16. Харебаты Л. 241
Гæлæу иу уысмы бæрц дæр нæ ахъуыды кодта, æр- байрох дзы, æвзæр бæрæггæнæнтыл кæй ахуыр кодта, уый, æмæ та буцæй «гыццийы карк» дзуапп радта: — Æз! Афтæ Къæлæуты Гæлæуы фæрцы баиу сты дыууæ хъæрнывы «Æ» æмæ «3» æмæ «бацардысты» раст йе ’вза- джы цъуппыл. Уыцы бонæй ацы бонмæ Гæлæу йе ’взаджы цъуппæй уырдыгмæ нæ уадзы «Æ» æмæ «3»-йы. Нæ дæ уырны? уæд байхъус: — Гæлæу, Ирыстоны иууыл хуыздæр лæг чи у? — Æз! — Æппæтæй курдиатджындæр чи у? — Æз! — Адæмæн алкæмæй хуыздæр чи лæггад кæны? (Ахæм фарст æм барæй радтон, уымæн æмæ йæ цуры дойныйæ куы мæлай, уæд дын дæ дзыхмæ доны къус нæ бадар- дзæн). — Æз! — уыдис та йæ дзуапп. Æз чысыл мæ мидбылты, бахудтæн æмæ та Гæлæуы афарстон. — Зонды къуыбар та "нæм чи у? — Æз! — Стыр хицауы бынаты нæм лæджы куыст чи бакæ- нид? \ — Æз! — уыдис та йæ дзуапп. Иæ цæстытæ цинæй, ферттывтой æмæ ма йæ дзырдтæм бафтыдта: «Æмæ æз уæлæ йеды... Къифоры бынаты нæ бакусин!!!» — Уæдæ нын Германы та фæстæмæ чи аздæхта, Герма- ны? (Æз зыдтон, Гæлæу хæстæй цахæм æгады ном æрхас- та, уый дæр. Фæлæ йæ уæддæр къахæджы фарст акодтон). — Æз!—уьтдис та йæ дзуапп. Афтæ Къæлæуты Гæлæ- уæн уд æмæ цæсты ад скодтой ацы дыууæ зæлы. Æниу Гæлæуы лæгдзинад ууыл нæ фæуд кæны. Цæвиттон, Гæ- лæу ма бафыдæбон кодта æмæ йын хæозæнцонæй бантыст ноджы æндæр зæлтæ — «Д» æмæ «Ы»-йы баиу кæнын дæр. Зæгъæм, Гæлæуимæ дын ныхас ацайдагъ (уый та диссаг нæу, Гæлæу кæддæриддæр ныхасмæ — цæттæ), уæд уайтагъд баиу кæньт «Д» æмæ «Ы»-йы æмæ райдайы: — Ды та цы дæ мæ цуры? Дьт мæ цуры дæ фындз мæр- зьтнхъом дæр куынæ дæ! Ды уьтцьт бьтнат дзæгъæлы фæс- тиат кæньтс. (Гæлæуьт ацы дзырдтæм æнæмæнг дæ мид- былтьт бахуддзынæ, уьтмæн æмæ Гæлаеу ньтрма йæ къæ- лæтджьтн никуы схъарм кодта). \ 4-Афтæ алы æвзæргæнæг дæр дæ «ды»\ Æмæ алы хорз хъуЬщдаг аразæг та Гæлæу— «æз». — Гæлæу, адæмæн раздзогæн чп нæ бæззы? 242
(Афарстон та йæ, уымæн æмæ раздзог уæвгæйæ, йæ дæлдæртæ, æнæ фыййау фосау, пыхсы ныдздзæгъæлтæ сты). — Ды! — уыдис та Гæлæуы дзуапп. Мак;уы банхъæл æмæ Къæлæуты Гæлæу искуы дæуæй хорз зæгъа, дæ сæрыл хъен куы слæууай, дæ армы йын хъайла куы фыцай, дæ дæндагыл ын цырагъ куы дарай, дæ риуыл ын уæрдонвæндаг куы акæнай, дæ уд ын и& хъуыры куы атъыссай, йæ уæлæ царвау куы батайай, уæд дæр. Уыйхыгъд æм хъус æмæ базонай: «Зæххы бикъ æмæ комы дæгъæл чи у?— «Гæлæу!» «Адæмæн хур æмæ мæй чи у—«Гæлæу!» «Зонды къуыбар æмæ лæгдзинады символ чи у — Гæлæу!». «Адæмæн уд æмæ дзæцц чи у? — Гæлæу!> Ахæм у, ахæм Къæлæуты Гæлæу, мыййаг искæй тых- хæй куынæ баиу кодта ирон зæлтæ «Æ» æмæ «3»! — Æз «æз» дæн! — Фæзæгъы схъæлбæрзæйæ Гæлæу. Уæдæ! Гæлæу «æз» у! Фæлæ нæ зоны, хъæмпы хал — йæ уæз!
НОГ МОДАЙЫ КРИТИК Цынæ чиныг вæййы йæ дæларм, Цæугæ-цæуын кæсы æмæ фыссы. — Гомер, Данте æмæ Да-Винчи,— Зæгъы: — Историон ысты! Хæссы цитатæтæ Бальзакæй. Ребранты рахуыдта «поэт». Фæдзуры: «Пушкин дæр, дам, давта, Фыста, дам, Фаустыл дæр ед... Зæгъы Белинскийæ: рæдыдис, Русланыл уæгъды калдта цъыф! Æцæг поэт чи уа, уый, дам, Фынæйæ дæр нæ кæны цъынд. «Нæма мæ равдæлдис Къостамæ.— Хъæуы йæ бахсæдын! — зæгъы. Цæмæн æм баргъæвст халон сындзыл, Куы зыдта хъармбæстæм тæхын?!» Æмæ цæуы, цæры уый не ’хсæн, Нæ дуджы, дам, хъæуы мæ сæр... Æмæ ныл кæд фæкæны хахуыр, Къæбæр ын мах дæттæм уæддæр! 1965 аз. • Дзырд цæуы А. Пушкины поэмæ «Руслан æмæ Людмилæйыл».
* * * Иры уарзт йæ риуы судзы, — Физонæг куы фены артыл, Гъеуæд æм йæ зæрдæ сдзуры, Гъеуæд базары уый дардыл Фæлæ «æйтт!», зæгъгæ, фæцыдис: «Чидæр нын нæ номæй хъазы!» Уæд йæ хуыккомы æмбæхстæй Марды ’фсон ыскæны базыл!.. УАСДЖЫТÆ (Басни) Иу лæгæн уасæг ссардта стихтæ, Сау дис ыл бафтыд, кæны сыл джихтæ: — Чи сын ныцъцъæл кодта, Æммыст, сæ хихтæ? Уæд зæронд уасæг февзæрд йæ цуры Æмæ йын сабыр йæ хъусы дзуры: — Цъæлтæй сын ма тæрс, æрмæст сæ ’взарыс? Уый кад у, стыр кад, кæд афтæ зарыс, — Уым поэтикæ нæ хъæуы, ма тыхс, Ды дæр ма сфæлвар, зындзинад бабыхс. Чи сæ не ’мбара, уымæн æгад у, Ахæмтæ фыссæг лæгыл нымад у. Лæгуын уасджытыл айхъуыстис хабар... Ацу æмæ сæ, хæйрæг, ды бамбар!.. Мæллæг хъæлæсæй райдыдтой уасын: — Хъи-хъри-и-и-хъ-и-и! Æмæ та: гонорар æри-и! — Хъи-и-хъ-р-и-и-хъ-и-и! Æмæ та: гонорар æри-и! Зæронд уасæг сын фырбуцæй дзуры:
— Уæ зарæг тавы, æнæмæнг, хуры. Æрмæст ма «Хъихъри» ивазут даргъдæр, Уæхæдæг зонут, Ахæм зарæгæн-фылдæр ис аргъ дæр... К. В-йæн Футболисттæ, сымахæн гъеныр Стыр лæгтæ суæвæн ис. Уемæ схъомылгонд ирон уын Хаты хорз уæ зын, уæ рис... Фæлæ пуртийы цур ’нæмæнг Дарут боксмæ дæр уæ хъус. Уæ хæларæн йæ тымбыл къух Бахъуыды нæ феххуыс цъус... Ма мын æппæл: «уарзын Иры», Аслам фыды бас кæд уыд! Дард дугъы цы бæх нæ сиры, Уый— йæ барæгæй æлгъыст! Ма мын æппæл: «уарзын Иры». Митæй никæй хъуыд мæсыг. Дардыл хуымы нарст æфсиры Хъахъхъæны, цыргъ фатау, сыг! Ма мын æппæл: «уарзын Иры». Задæй йын хъæуы æххуыс. Зæхх куы фены худгæ хуры. Гъеуæд равдисы йæ хуыз! Ма мын æппæл: «уарзын Иры». Уарзт дæ зæрдæйы ныттадз Æмæ кæд ды уарзыс Иры, Уæд фыссыны куыст ныууадз! 1963 аз. 246
ÆРСИДТЫТÆ Урс хæдоны, Иту æвæрд, раст хæлафы, Быдырмæ фæзынд агитатор. Йæ къух сдардта трактористмæ: — Бауром дæ мотор... — Цы хабар та у? — Иæ куыст ныууагъта механизатор. — Ай та ныр махмæ ног æрсидт ма уа, Цы бачындæуа? Фæкъæпп та кодта йæ цыбæл зæрдæ, Зноны он дæр ын каст нæма ’рцыд, Æмæ та мæнæ ног æрсидт рацыд! Банкъуыстой сæртæ нартхоры взартæ, Райдыдтой дзой-дзой: — Нал нæ ныууадзой! Хæмпæлгæрдæг нæ сæрты хъазы, Нæ туг нын нуазы. "«ЧТЗ» дæр мæстæй, фæллад уæйыгау, Иæ хъустæ ’руагъта. Уый фенгæйæ агитатор хуымоныл Иæ къæхтæ сцагъта. — Нæ кæсыс газеттæ, цардæй зайыс... Æмæ куыд æнхъæлыс, афтæмæй Хор дæр нæ зайы! Ды хъуамæ сахуыр кæнай фæстаг мæйы Хъæууон хæдзарады кусджытæм Æппæт æрсидтытæ! Стæй республикон, областон, районон, Колхозон, лæгæй-лæгмæйы ’хсæн Кæрæдзимæ фæсидтытæ! — Зымæджы мæйты сæ æрвылбон кастæн, Ныр та — куыстафон, кæм мæ æвдæлы! — Зæгъы йын хуымон... — Æрбацыдтæ та, цы дын бакæнон, мæ рæстæг сæфы, Цæй, дæ сидт та бакæс! Æрмæст дæ курын: райсомы он мæм Мауал æрбахæсс!..
ÆЗ ФÆРСЫН Æнкъарыс?.. Зæгъ-ма мын, мæ фыдгул, кæдæм у мæ балц, Æнкъарын, мæ разы дæ сагъд у цъæх арц?! Дæу ма сайæд, курын: мæ бакаст, мæ хуыз: Мæ уды пайдайæн нæ райгуырдтæн æз. Дæ бар у, цы кæнон, цы фæнды мæ хон, Æз хондзынæн хомы кæддæриддæр хом! Дæуæй мæ цы хъæуы? Цы курын æххуыс: Мæ фæндагыл ма лæуу, дæхицæн ныххуысс! 1983 аз. Ничи баззайдзæн, ничи, уæлæуыл,— Махæн райгуырцæй немæ у фыст. Чи мыл тона йæ дзыккутæ, уымæн Асур, хъавгæ, йæ тыхст æмæ рыст. Уый æз мæлын, дæумæ уый нæ хауы, Уæд æнусон мæ фæстæ дæ цард. Ды æдыхстæй мæ хисты кæрдихтæн Хъавгæ рауадздзынæ нæрдтыл дæ кард! * * * Ма цин кæн хймидæг де «знаджы» хабарыл, Афон у алцыдæр базонын, бамбарын. Удхæссæг хивæнд у, алкæй дæр амары, Алцы рæстæггай у, уалтæ нæ фæбары... Де ’рдхорд нæу удхæосæг, нæй дзы ныфс æвæрæн. Ма ’нхъæл ысбæзза дын райсом æфсымæрæн. Ничи йын фехъусы йе ’ртхъирæн, йе ’лгъитын, Афтæмæй сусæгæй хурхы сæр фелхъивы... Æмæ цæмæй зоныс, райсом цы уыдзынæ, Хъузонæй хъуызæджы мур дæр нæ уыдзынæ. 248
Афтæ дæ сабыргай цъыссыммæ басайдзæн Æмæ дæ мæгуыр уд уый къухы баззайдзæн. Ма цин кæн химидæг де «знаджы» амардыл, Гъе, фæлтау йеусар кæн ахæмы «амондыл». Хорз лæг знагæй дæр уд-хион саразы, Æмæ сæрбахъуыды йемæ дæр баназы... Гъе, лыскъуд, ма бабæлл де знаджы мæлæтмæ, Райсом дæу бакæндзæн удхæссæг къæлæтмæ! З/ХН-87 ’ КÆМÆН КУЫД — Фехъуыстай? — Цы? — Амард!.. — Æцæг? Мыстытæ, цингæнгæ, фарстой кæрæдзи, — Рахæссут, баназæм, сисут—кæмæ ц’ и!. — Мæнг ма уа? — Нæ, цытæ дзурыс, амард!.. Мыстытæ мыстытæм сидтысты хабар, Ацу æмæ сын сæ мæгуыр цин бамбар... — Дæхи цæстæй йæ федтай? — Мæхи цæстæй!.. — Уæдæ нæ фыдызнаг нал лæууы къахыл? Уый уæд йæ рæстæгыл хур ракаст махыл... — Кæд æй æвæрынц? — Абон! — Хорз у йæ сыджытыл сæмбæла тагъддæр, Райхъал, дам, вæййы мæрдвынæйæмарддæр... — Де знаг æндæр мауал райхъал уæд. — Дæ дзурæн дзыхæй сыгъзæринтæ хæр. Мæт кодтой сабитæ гæдыйы мардыл, Уыйхыгъд куывдтæ кодтой мыстытæ дардыл. 249
— Уæдæ гинойы баныгæдтой? — Тас дзы нал у, фæдæлсыджыт... — Уас нын мыд ыстæрай уыцы æвзагæй, Хорз хабар ракодта не стыр ызнагæй... Рабадтысты фынгыл мыстытæ Æмæ мыст мьгсты амондæн куывта: — Амонд, сыгъзæрин дæ, не ’рдæм фæкъул дæ, Абонæй фæстæмæ не скаст, нæ хур дæ!.. 5/ХП-87 ХОРЗ ÆМГÆРТТÆ КÆМÆН НÆ ВÆЙЙЫ... Фельетон — У къуырисæр — къуырийы куысты сæр, Акувæм ын, — дзуры мæм Илас. — Акувæм ын, — н’ акодтон хъуыды дæр,— Загътам æмæ райдыдтам минас. Бон ныл баизæр рестораны, уынджы. Чи ма кодта куыстæн та йæ кой? Уазал сæнмæ зæрдæ кодта хъыдзы, Физонджытæн зæхмæ тагъд сæ сой. У дыццæг бон, къуырийы дыккаг бон, Аныр куыстмæ авæрон мæ къах... Афтæ хъусын телефоны уайдзæф: «Ам дæумæ кæдмæ дзыназæм мах?!.» Уый Химан у — ме ’мбæлттæн сæ хуыздæр, 'Нæ мæн ын къæбæр нæ кæны ад. — Ма ’нхъæл æмæ домæм дæуæй исты, 'Рмæст нæ цуры, рацу, æмæ бад... «Хорз у куыст дæр, фæлæ у æнæ къах, Лидзынæй йын ничердæм у тас», — Загътон æмæ уырдыджы дæлæмæ Атылди Химанты ’рдæм мæ «нас». ! У æртыццæг, сæр цæуы бæрзæндты,— 1Аласта мын карз арахъхъ мæ зонд... Иу сæйæнæй лæг уæддæр нæ сæтты, У мæнæн хæйрæджы ’лгъыст мæ конд!.. 250
— Цагъды фестæм, —дзуры мæм Тасолтан,— Фен нæ, гъе нын иу ингæн ыскъах! Раздахид нæ, ард хæрæм, дæуыстæн, Бирæ ницы, — хъарм арахъхъы ’птях . Уым нæ «пахмел» раивтам минасмæ, Куысты кой та зæрдæйæ ныррох... Расыг лæгæн фурд — уæраджы сæрмæ, ’Уыд фылдæр нынцъухыныл нæ тох! Бон мыл ’ризæр кафгæ æмæ заргæ, Къуырийæн йæ «рагъыстæг ныссаст». Царды хъуамæ лæг кæна æмбаргæ, Æмæ Ма уа мацæмæй ныфссаст. "У цыппæрæм, æтт лæппу, дæ къуыри «Кепиты» фæивгъуыйы, фæхæц!.. ."Иу къуыри цы фæцух дæн, — æркъуырин, Фæлæ та мæм чидæр дары кæхц... — Иу бæгæны, цас диссаг у аназ, — "Хъеса мыл ныттыхæй и, ныммард,— Ам нæ уыдтæн, хорз куы зоныс, уал аз,— Абад, банкъар ме ’хцайæн йæ ад! Фефсæрм дæн мæ хæларæй, цы кæнон, ’ Ауыгътон та куыстыл дæр мæ къух. Цæй, зæгъын, цы йæм цæуон æмгæрон, "Кæд минасæй æз нæ зайын цух? ...Чи уыди, куыд уыд, цы уыд, нæ зонын, "Райхъал ма дæн райсомæй бæргæ, Фæлæ уый мæ хуыцауы хай хонын, "Чи мæ ’ркодта хæдзармæ хæсгæ. Кувын ын æмæ тындзын мæ куыстмæ, Майрæмбон у, хидуадзын мæ хъуыд. Фæндагыл æрлæууыдис мæ зæрдыл: Ме ’рвадæлтæм хистмæ уыдтæн хуынд. Азылдис мæ куьтсты фæрсты фæндаг, Æмæ йыл тындзын, цæуын æз дæр. Кувынмæ та фынджы сæр мæ хуызæн т'Чи сарæхсдзæн, хистыты хуыздæр... 251
Афтæ æз æрчъепп ласын минасы Иу къуыри, дыууæ, æртæ, цыппар. Чидæр та мæ, кæс, ныр дæр фæласы, Бакодтон мæ «сыгъдæг» уд йæ бар... Судзаг мæн цæй цъыфдзастмæ нылласта,, Ахсы уый сындæггай ныр мæ зонд. Рагæй дæр мæ нозт нæ уыд, нæ уарзта, Гъеныр дæр мæ не систа бæрзонд. Чи мæ уарзы, уый фæзынæд тагъддæр, Бакалæд мыл иу къусыдзаг дон. Уæ, «хæлæрттæ», бирæ фод уæ фарн дæр,. Хорз ыстут, фæлæ — мæнæй хæрзбон!
БÆЗÆРХЫДЖЫ НÆ ЗОНЫС? Дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр Цыбырты Бæзæрхыг у адæймаг, æндæр ницы. Хуымæтæг. Хуымæтæг та уымæн у, æмæ йын адæмы ’хсæн кад, ном ис. Уæздан, æнæрцæф лæг у Бæзæрхыг. Уæлæнгæйтты йæм бадзурæнтæ нæй. Зæгъ. гæ, йæ Цуры æрыхснырстай, уæд дын алывыдтæ акалдзæ- нис, сæгъау, зæгъ, мыл ма пыррыччытæ кæн. Фæлæ афæ- стаг рæстæджыты сæгъы кой нал скæны. Уый та уымæн æмæ йын йæ фыд бирæ бауарзта, уæлдайдæр та — къуыдыр- фыхæй, æхсынцъыйы туагимæ. Æмæ йæ уымæ гæсгæ уыцы зæдтойлаг бадинаг цæрæгойы ном счъизи кæнын нал фæ- -фæнды. - Адæм Бæзæрхыджы фылдæр зонынц йæ боцъойы фæрцы. Уый, сæгъы боцъойау, нысхъæл размæ, раст цыма искæй милмæ систа æмæ йæ æхсынмæ хъавы, уыйау. Иудзырдæй, •боцъо нысхъæл йæхийау... Æниу йæхæдæг раздæр схъæл нæ уыд, фæлæ гуыбыныл уæлдай фиутæ куы разад, уæд ын размæ фæгуыбыргæнæн нал уыдис æмæ «æвæндонæй» фес- хъæл. Æниу уым Бæзæрхыг ницы аххосджын у. Цæвиттон, эдæм æй бирæ «бауарзтой», æмæ йын нал йæ дæндæгтæ, нал йæ ахсæны уадзынц ривад кæнын. Иу фынгæй нæма -фервæзы, цы бахæры, уый йын йæ «куыстуарзаг» ахсæн нæма бафснайы, афтæ йæ уæлвæд иннæ хонæг йæ уæлхъус зербалæууы. Хатт, мæгуырæг, тæрсгæ дæр фæкæны: «мацы кæнон», зæгъгæ, фæлæ йæ гæлдæрыл йæ къухтæ куы ’рхæссы, уæд дзы йæ зæрдæ барухс вæййы. Цалдæр азы размæ ма-иу ын уыцы гуыбыны хуры тынтæ йæ синтæй акастысты, ныр гуы- быны уыцы тæнæг хæлын цыдæр фæци, лалымау ныддымст. Æниу лалымау æрмæст гуыбын нæ ныннæрст, æмхуызон байдзаг: уæдæ хъусæй зæгъай,уæдæ цæстæй зæгъай... къахы 253
æнгуылдзтæй къухы æнгуылдзтæм ныддымст æмæ, дон- хæр мæры насау, дардыл ныттымбыл. Фæстаг азты йæм* зæхх цыдæр фæлмæндæр кæсын райдыдта, уый та уымæн, æмæ къæхты бынтæ дæр фиу сæвæрдтой æмæ цыма, ныр бæмбæджытыл фæцæуы, афтæ йæм фæзыны. Уыдон иууылдæр афтæ фот, фæлæ диссаг йæ бæрзæй фæцис, диссаг... Диссаг та уымæн, æмæ йын раздæр цы хуызæн уыдис? Уадтымыгътæм над хиталæджы кæд искуы. айнæджы сæрмæ федтат? Лæг загътаид, абон-сом ын гуы- рæй фæхицæн уыдзæн. Ныр ын ыл гæрзбæндæн дæр нал æххæссы. Æмæ стæй йæ сæр куыд ныддæнгæл, ды уый куы. фенис! Дæнгæл та афтæ, æмæ сæр æмæ уæхсчыты ’хсæн ныр цалдæр азы рухсы цъыртт нал акаст. Æмæхгæд ба- исты. Сæр уæхсчыты афардæг æви уæхсчытæ сæры, уый бæрæг нал у. Йæ рагон зонгæтæй йæ исчи куы фены, уæд. ыл дис бафты. Æниу ма йæ зонгæ та чи бакæны, фæлæ йын йæ ном æмæ йæ мыггаг куы фехъусы, уый, дам, Цыбыр- ты Бæзæрхыг у, зæгъгæ, уæд йе ’рттæ ныццæгъды. Нæ йæ- бауырны, æмæ фæдзуры, уый зæгъ, деттæ цыбыр æмæ бæ- зæрхыг кæй у, уымæн æй афтæ хояынц мæстæймарынæн. Æндæра, зæгъ, æз цы Бæзæрхыджы зыдтон, уый, дам, уый нæу. ...Фæлæ... ды æнæнхъæлæджы бахаудтæ йæ къабинетмæ æмæ йæм дæ цуры йæ секретар, æвзонг чызг, цыдæр гæххæтт æрбахаста æмæ йыл уый дæ цæстыты раз йæ зынаргъ къух зулмæ бафыста: «Цыбырты Б.», уæд ды дæхимидæг дис кæнын фæуадздзынæ, æмæ та сусæгæй дæ цæст гæххæттыл ахæсдзынæ, æмæ та ногæй ныддис кæндзынæ, ау, уый нæ иухатты Цыбырты лæппу у, зæгъгæ? Чи сæ банымаид, а-зæххыл цал дæ хуызæн дисгæнæджы уаид, фæлæ алкæмæн нæй уый фадат. Уымæн æмæ Бæзæрхыг цы стыр уагдоны кусы, уыцы уагдоны дуæрттæ, арвы дуарæй хъауджыдæр, гомæй ничи фендзæни. Кæд æм рæстæгæй-растæгмæ, ома мæй дыууæ хатты исчи бахауа, уæд дæр хорз у. Æниу йæ дуæрттæ, чизоны, уыцы иу хатт дæр никуы бакæнид, фæлæ йын йæ мыздисæн афон æндæр гæнæн нæ вæййы, æмæ уæд арвы дуар дæр «адæм» гомæй фенынц. Мызд та, йæхи загъ- дау, кæйдæртау ницæйаг капеччытыл нæ кусы. Фæрæзджын, амалджын, цæрдхæцин у, ахæмæй йæ «снатлиа» кодтой адæм. Фæрсæг æй нæй... Æгæрыстæмæй йæ йе ’фсин дæр хынцфарст никуы бакæны: «Кæцæй дын цæуынц утæппæт æхцатæ?» Науæд ыл ацы цъиувæдис адæм та сæ цæст цы ’рывæрдтой! Иæхицæн хæдзæрттæ сарæзта æмæ уым цы ис æвзæ|)æй? Мыййаг сæ халгæ куынæ фæкодта. Стæй цæуылна 254
хъуамæ сараза, мыййаг искæйтау давгæ куынæ кæны. Дæт- тынц ын æмæ лæваргæнджыты куыд фæхъыг кæна, ма сын райса сæ хуын. Уæд цас раст бакæндзæн? Уæд та сæ æндæр исчи айста, фæлтау йæхицæн ис, уыдон кæм нывæра, уый фаг дзыппытæ. Рог машинатæй, дам, æнгузтау хъазы. Æмæ цы? Æхца кæмæ ис, уымæн хæдтулгæ дæр ис æмæ... Мый- йаг хæдтæхæг куынæ балхæдта, дæлæмæ дæр æмæ уæлæ- мæ дæр — «Чайка». Йе скойы аккаг дæр нæу. Ноджы ма йын фылдæр уаид, фæлæ йыл хатт «кæрæф» низ стых вæййы æмæ йæ уый йæ зæрдæйæ схъæрзын кæны. Уый та — искæй йæ къахыл лæугæ куы фены, искæй цард хуыздæр уагыл æвæрд куы фены, уæд. Хатт æм йæ намыс сдзуры æмæ йæ куысты æгъдауыл куы ахъуыды кæны, уæд йæхицæн фæзæгъы: «Мæ бандоныл дзых куы уаид, уæд мыл бахъаст кæнид, мызд, зæгъ, мæн- мæ ’мбæлы...» ■ Уый афтæ фот, Бæзæрхыгмæ исчи йæ хъус куы ’рдярид, уæд-æй æхсгæ дæр фæкæнид, фæлæ уымæ кæй æвдæлы, алчи дæр сæ йæ царды кой кæны. Бæзæрхыг дзы капекк кæмæн ратты, уымæн йæ иу капекк дыууæ капеччы бавæй- йы... Æмæ... Бæзæрхыг æрра нæу, зонды къуыбар у, куыст бирæгъ нæу æмæ хъæдмæ нæ алидздзæни, йæхи цæмæи амара... Æниу йæхи дæр куыднæ «мары», агуывзæ йын ливор’’у^ сæн — нæмыг, мил та — йæ дзых. Гъе æмæ йын. æмгæртты хатырæй, хатт æгæр бирæ «нæмыг» хардз куы ’рцæуы, уæд фæсæйы. Æнæуый та ахæм у æмæ йыл æнцон- тæй цæф нæ фæзындзæн. Йæ бон у иу абонæй иннæ абонмæ фынгыл фæбадын. Нозтæй алкæй дæр афæлдахы æмæ сыл стæй уæд дыккаг бон фæхуды. Фæстагмæ йæ базыдтой æмæ ныр фынгыл куыддæр æрбады, афтæ йæ ацаходын нæ ба- уадзынц, хъæлдзæгæй дæуæн æмбал нæй, зæгъгæ, козбау ныхæстæй йын йæ «сæр» разилын кæнынц æмæ йæм раз- вæлгъау «нæмыгæй» фæкæсынц. ...Æмæ стæй куыд æвзаджджын у, нард фынджы фарсмæ бадгæйæ къæр-къæраг фесты, æрымысы, лæппуйæ сылты фæдыл хæтын куыд бирæ уарзта. уыдæттæ. Фæлæ абон цытæ кæны, уыдон кой дын, мара зæгъ, нæ ракæндзæн. Æфсæрмы кæны йæ бынат, йæ бæрзонд бандонæй. Бынтон æнæмбаргæ нæу. Хъуамæ йын йæ хъуыддæгтæ мачи зона. Зонгæ та афтæ, æмæ цалдæр мæйы пырхæй цы фындз æмæ рæсыдæй цы былтæ фæхаста, уымæн йæ аххо- саг ничи фæфиппайдта. Æниу сæ, мыййаг, уынгты куынæ хаста, нæ машинæ, дам, афæлдæхт, тыхæй ма фервæзты- стæм, æмæ цасдæр хæдзары фæсади. Æцæгæй та, нозтджы- 255:
нæй кæйдæр усмæ бацыд æмæ йæ уыцы усы мой, мæзæрде, уырды над скодта. Фæлæ йæ хабар нæ «рахъæр». Æниу æнхъæ’лгæ афтæ кодта, йæхицæн ын æй æргом ничи загъта, æндæра йæ адæм уынгты цъиутау уасыдысты. Фаестагмæ, цыма йæхи зæрдæ дæр къæпп кæны, фæлæ йын кæд йæ бирæ галиу хъуыддæгтæй уымæй фылдæр ницы зонынц, уæд ын уымæй ницы у. Зонгæ та афтæ, æмæ иухатт иу чызгæн йæ кабинеты тыхми бакодта, иухатт та йыл кæй- дæр ус се стыр куыдзы бандзæрста. Уæвджыйæдæр, куыд гауыр ус уыд, «лæджы» куыдзæн куыд хæрын кодта!.. Уыцы хъуыддаг басусæг, бузныг хуыцауæй, фæлæ мæнгæй нæ акæнынц, мæсыг, дам, хи дурæй сæтты. Иæ дзæбæх æфси- нæн хабар йæ хъустыл куы ’рцыдис, уæд йæ фæстæ зилын райдыдта^ æмæ та иуафоны Бæзæрхыг йæ лымæнмæ, куы бацыд, уæд сыл сынтæгмæ къæртайыдзаг уазал дон ас- къæрдта... Уый дæр та «басусæг». Бæзæрхыг йе ’фсинæй ахицæн уыдаид, фæлæ тарст, тæрхоны раз, дам, ус хъуыд- даг куы раргом кæна, уæд бабын уыдзынæн, зæгъгæ. Бын та афтæ, æмæ йæ лымæн уыд йæ уæлдæртæй кæйдæр ус. Сæндоны къæрных, дам, январы фæхъæр вæййы. Фæлæ та Бæзæрхыгæн январы дæр æмæ февралы дæр ницы рахъæр. ,..Хатт /æрымысы, куыстмæ куыд бацыд æмæ асины къæпхæнтыл уæлæмæ-уæлæмæ куыд хызтис, уыцы пывтæ. Уæвджыйæдæр, уыцы дугты йæхиуыл куыд бирæ «куыста». ома ахуырыл йæ уд куыд тынг «хъардта». «Куыст— цар« дæн фæрæз», — афтæ фæзæгъы рухсы бадинаг Къостайы фæрцы, æмæ райдайы йæхицæй æппæлын. Фæлæ йæ раджы кæддæр хицæуттæ «гал» кæй хуыдтой, уый кой никуы ра- кæны. Гал та уымæн, æмæ йын исчи йæ сæрыл куы ныллæу- уыдиад, уæддæр-иу æм хæрдмæ не скастаид, гал ма «богъ» фæкæнын зоны. Бæзæрхыг фидар уыд, уымæй ницы рыст. Иæ хъусыл ын ныххæц, сифтындз æй æмæ’ дзы хуым кæн. цъыфты йæ тæр. Худтаид дæм, æмæ йын цыма стыр удæн- цой хастай, ахæм бузныджы цæстæй дæм кастаид. Алыран дæр æнцадис. Æнцайгæ зæгъын? Фыддæр. Тъангскъуыдтæ- иу фæци, фæлæ йæ астæу хи хæдзармæ нæ тасыд, химид-иу дзырдта: искуы мæ кæд уымæ дæр æрæвдæлид... Хицæуттæй-иу, зæгъгæ, искæй исты хъуыддаг бахъуыд аразын, уæд-иу йæ уд суæлæнгай, йæ фыццаг фæдисон-иу Бæзæрхыг уыд. Гъе, ахæм «æнувыд» гуырдæй базыдтой Бæзæрхыджы хисдæртæ. Æмæ афтæ æнувыд кæуыл уыдис,^ уыдонæн дæр хуыцау цæстытæ уынынæн радта æмæ федтой Бæзæрхыджы, йе стыр «лæггæдтæ» йын рохуаты нæ ныу- уагътой. Сæ «галæн» йæ хъустыл хæцыдысты æмæ йæ асины '256
къæпхæнтыл уæлæмæ-уæлæмæ сластой. Ныр ма йæм бакæс, нывылты лæг дзы нæ рауади? Нывылты та афтæ, æмæ зæгъ, иугæр бартæ, стыр бандон дæ къухы куы бафта, уæд, зæгъ, дын алыхатт дæр — кад æмæ намыс. Фæлæ дзы кæй- дæртау йæ «хорз» миниуæг нæ ферох. Уый та уыд йæ худ исыны ’гъдау. Чи фæнды-иу уыдаид, æрмæст æй зыдтаид, зæгъгæ, йæхицæй чысыл уæлдæр бынаты кусы, куыдз йæ кæртæй иннæ кæртмæ арæйын йæ сæрмæ кæдæм нæ фæ- хæссы, уырдæм дæр-иу ын хъуамæ Бæзæрхыг йæ худ сис- таид, салам-иу ын радтаид. Кæд-иу искæцы хисдæрæн ху- дистæй салам нæ радта, уæд та уымæн, æмæ-иу æй хуымæ- тæг, рг. хъон кусæг æнхъæлдта. Уыцы лæг знон стыр бынат бацахста, зæгъгæ, уыцы хабар-иу хатт рæстæгыл нæ фе- хъуыста. Уый фæстæ-иу йæхи мастæй бахордта. Фæлæ-иу йæ уыцы «рæдыд» иннæ хатт уæддæр дывæр-æртывæрæй баххæст кодта. Иæ уыцы «хорз» миниуæг дзы никуы рох кодта. Уыдис-иу афтæ дæр, æмæцæрæнбонты йæхуд кæмæн иста, уыцы хисдæр-иу йæ бынатæй рахаудта, фæлæ-иу ын уæд дæр Бæзæрхыг йæхуд систа, уæд дæр-иу ын дардмæ дæр са- лам лæвæрдта. Уымæн уыд дыууæ аххосаджы: фыццаг, йæ ахуыр нæ сæфта, æмæ дыккаг та: йæ худ кæмæн иста, уы- мæн-иу йæ систы хабар нæма фехъуыста. Адæм дзы уый нæ зыдтой æмæ-иу дзы æппæлыдысты: «Кæсут, подхалим нæу., æндæра йын йæ хисдæры куыстæй фæсырдтой, æмæ йын уый, ома Бæзæрхыг, уæддæр раздæрау йæ худ исы, салам ындæтты. Лæг дзы ахæм хъæуы, гъей». ...Уæдæ, ахæм у Цыбырты Бæзæрхыг, «саламгæнаг» лæг у æмæ-иу ын сымах дæр уæ худтæ сисут. Æз зæгъын уæ худтæ, йæ бынатæй йæ ма сисут, ууыл хъуыды дæр макуы акæнут, Бæзæрхыг ыл йæхæдæг куыднæ хъуыды кæны, аф- тæ. Кæннод уæ искæмæ фæхъыг уыдзæн. Бæзæрхыджы нæ зонут, æнæрцæф у, алцы йæм хъыг кæсы... 17. Харебаты Л.
ИРЫ КУВДЖЫТÆ Æрæджы æз æнæнхъæлæджы бахаудтæн иу «нæртон» фынгмæ, æз — «æцæгæлон», «зæрдиагæй» хъуыстон адæмы дзыпкъах- джытæм, уыдон дæр куывтой Уастырджи- йæн, Ирыстонæн. Бадынц нæртон фынгыл Иры «хуыздæртæ», Амæй-ай тохъылдæр, иууыл — хуысæртæ! Маргъы æхсыры ’онг— алцы сæ разы... Фынг у цыппæркъахыг — цас сын фæразы. Хисдæр — мызыхъарæзт — гæстæн сæ хицау, Кувгæ-кувын дзы нæ ирвæзы иу цау: Алцы æрымысы, алцы æрцахсы, Хохы, быдыры уа, комы уа, цъассы... Акувы алкæмæн, арæхстгай, дардыл, Абон дæр афтæ уыд... æз хæрын ард дын... Иры тыхст дзыллæты зæды кой расидт Не ’нгомдзинад, зæгъ, нын ноджыдæр бахсидГ — Уастырджи, зæдты-зæд, сонæй нæ бахиз, Ратт-иу тыхст лæгмæ, нырмæйау, дæ рахисГ ...Ай-та цы диссаг у! Æрмттæ ныццагътон, Æмæ уым кувæгмæ ме ’взаг суагътон: — Хорз дзурыс, уæ хорз лæг, фæлæ-ма байхъус Æз нæ дæн де ’рхæсгæ, де стыр сæр ма ’нкъусГ 258
А-зæххыл кæд æмæ тайыс ’мæ ’руайыс,— Ау, уæд æй сур дзырдтæй алхатт цы сайыс? Сидзæр сывæллоны комдзаг куы давыс, Æмæ дæ гæлдæрæн дзагæй куы дарыс... Чи дæ, цы бар дын ис, зæды ном арай. Не ’ххуысгæнæг лæгыл ды дæхи барай?! Зонын дæ къах-къухмæ, зонын дæ сæр дæр! Ды дæ дзыппкъахæгæй ноджы æвзæрдæр! Раджы хуыснæг лæг-иу давта мæйдары... Бон та-иу давæггаг хордта уый тары. Уæд ды та? Æмæ дæ хуызæттæ ноджы, Ма дзурут намысыл, тас нæй уæ онджы! Давæг фæхъавы, фæдзурынц, мæйдармæ, Фæлæ сымах та кæдæм цæуат дардмæ?! Ирæн йæ «сæртæ» стут æмæ йæ «хъомыс» Æмæ сымах у йæ царв дæр, — йæ хомыс... Ирæн йæ «ныфс» стут æмæ йæ «хомыс», Хонæм уæ афтæмæй мах та йæ агъуд. Худæг у цар’д æмæ худут сымах дæр, Чи — кæуыл? Фæлæ уыл фаг худæм мах дæр. Чи фылдæр сараза, чи фылдæр — райса, Ууыл уæ ерыс у: чи фылдæр байса! Æмæ уæд изæрæй рабадут фынгыл. Феппæлут: гъей, джиди, цард у йæ тынгыл... Ацу ныр ахæм «сæрхъызойтæм» агай, Уе стыгъд нæ Иры цар фескъуынут фаркæй. Уый фæстæ райдайут а-зæххæн кувын: Сыгъзæрин Уастырджийæ стыр æххуыс курын Чизоны, уый зæгъын ам мæнæн не ’мбæлд, Фæлæ куыд рахонут уаз лæджы уе ’мбал?
Ау, уæд ма намысджын искуы куы тыхса, тГ. Чи ма йын хъуамæ уа гъеуæд тырыса! Бадут, уæ «бонгуыстæй» ’рвитут уæ рæстæг, Ничи уæ аппардзæн стонг куыдзæн йе стæг. Зонын, æххæст стут уе ’ппæт дæндагæй, Куыдз уæм йæхæдæг бæлгæ кæны рагæй... Гъей, мæгуыр, Иры зæхх, чи у дæ «хуындзау»... Уас сыл йæ цæхæр ныккала нæ хуыцау. Фескъуыйут, адæмы тугхортæ, нæрдæй, Иу ингæны уæ куы фенин æвæрдæй! Иры уырдыгстæг «разагъды фырттæ», Атындзут, фезмæлут, бастигъут цырддæр! Стæй та-иу рабадут нард фынгыл ногæй, Æмæ-иу кувут ыстыгъд Ирæн ронгæй! Сымахмæ дæр алцы нæ цæуы æввонгæй... 29/Х1-87 ХИЦАУ ДЕ ’РДЫГÆЙ КУЫНÆ УА Кæд дæ хицауæн уа дæ уынд адджын, Уæд нæ уыдзынæ ницæмæй хъаджджын. Алкæд дæ хиздзæн цардæн йæ зынæй. Фæлæ нæ уыдзынæ цух ды кæрдзынæй. Балцы уа, фынгыл —ды дæ йæ фарсмæ, Чи дæм сдзурдзæни, чи уæнды арсмæ? Фбацæуай, ацæуай— алцы дæ бар у, Дардыл у хицауæн зоныс йæ хъару! Ды æрмæст уый дзырдыл «нæ» дзурын ма зон,— Фестдзынæ хуры цур уымæн йæ уарзон. Уый дын йæ хæдон дæр ласдзæн йе рагъæй, З’æххыл лæ нал уадздзæн ацæуын къахæй. 260
Уыйхыгъд: йæ тæккæ цур чи мæца хиды, Дзурдзæн дзы: «Ай та ма зæххыл цы хиты?» Царды йæ фарсмæ æмсæр гуырд нæ уыдзæн, Фæлæ дæ «куырм» хицау уый куыст нæ уындзæн. Н-ИÆН Лцы æмдзæвгæйæн ис конкретон адрес. Кæд иронау кæсы Н., уæд дзы йæхи ба~ зондзæнис. Автор. Давæггаг фæллойыл бадыс, Æмæ бухъытæ кæныс... Ноджы зилыс æмæ давыс Кæмæй далыс, кæмæй фыс. Алкæуыл дæ сау уд «хъарыс». Æмæ дæ «лæгыл» нымад. Алкæй иу барæнæй барыс, Раст лæгæн дæм мур нæй кад. Ном дын «ис», бынат дæр ахсыс> Алцæмæй нын дæ æххæст. Дзурынмæ дæр де ’взаг тасы, Комы къултыл нæу ныхæст... Ничи дæм æрхæссы «азым», Дæ нæ «хуыздæртæй» сæ иу. Уарзыс нын æхцайæ хъазын, Ноджы бахойыс дæ риу. У дæ кабинет зæд бадæн. Ис дзы Ленинæн йæ къам. Кусынц хидкалгæйæ адæм, Уа цæмæй дæ бынат хъарм... Æмæ раст тæрхон æвзарай» Мачи дын хала сæ фæтк. Хатай исты кæд æвзæрæй, Сисис сын дæ фарсæй фæрск... 261
Ис сырх билст дæр дæ дзыппы. Уый ды райгондæй хæссыс. Иинæ тумантæй ныттыппыр, Фæлæ чи зæгъдзæн: тæрсыс! Дардыл сарæзтай.хæдзæрттæ, Комхæдз1 дын нæ кодта фаг... Хикæнгæ цады кæсæгтæ Ауагътай, нæ дæ хъæстаг.. — Иу хатт райгуыры, — фæдзурыс,— Адæймаг зæххьгл æрмæст... Сæрæй иу хъуыды нæ сурыс: «Хъуамæ бафсæда мæ цæст. Æз цæрон æмæ мæ фæстæ Дур дæр мауал уæд зæххыл», Ис дæ уæцъæфы дæ бæстæ, Ууыл расайы дæ хыл. Хицау хорз зоны: цы лæг дæ, — Хатт дзы райхъуысы хъæрзын... Фæлæ бирæ сты дæ «хæрзтæ», Уый дæумæ хæры кæрдзын... Махтæ та сымахæн чи стæм, ,Фос, — æнæмбудæнты бардз. Не ’взарæм кæсдæр уа, хисдæр, «Хорз» лæгыл нæ кæнæм хардз. Æмæ афтæмæй кæй хъæуæм, Ссис лæджы барæн гуыбын. Растнгъыс йæ царм нæ хъæуæн, Нал нæм баззайы гуымбыл!.. Алцы бавæййы дæ фыццаг, Ахæм сау лæг ма уыдзæн? Ма зон сидзæрæн йæ фыд цард, Чи уыны йæ тыхст «бындзæн?» Домыс: рацаразæм не ’гъдау, Ногæй раивæм нæ уаг. Фæлæ ма фесæфой де ’хца,— * У дæ сæйрагдæр мæтаг. '1 Комхæдз — коммуналон хæдзар. 262
Иннæ алцæмæй æххæст дæ, Царды ницæмæй дæ цух. Зонæм сау тыхтыл ныхæст дæ, Хорз дын аразынц дæ къух. Алцы баивтай æхцайыл: Намыс, кад æмæ дæ ном! Хион, æддагоны фæсайын У дæ мæты сæр æргом. Ды дæ фердæхтджын, сæрæн дæ, Никæмæ кæныс хæлæг. "Уаид не ’хсæн дын цæрæн дæр, Фæлæ разындтæ хæрæг!.. Алцы дын нæ^та у арæзт, Алцы не ’рцахста дæ зонд: „ Ахæстоны талынг агъуыст Уым нæма æрцыдтæ 13/ХП * * * Ныннæрст, ныууæззау, Хурмæзиллагæн йæ сæр, Зæхмæ ныккаст Æмæ Афтæмæй хурмæ дзуры: «Дæ фæдыл, кæй хъæуыс, Уый зилæд! Æз нырмæ дæр Нæ уыдтæн подхалим!» 19М ПАПЛОЙ БАХАУД САГЪÆСЫ Абон ЗАГС-мæ ’рцыд Паплой,— Аива йæ мыггаг. Алкæм, зæгъ, кæнынц мæ кой, Æмæ тынг ысхъыггаг:
«Искуы уæнт дыууæ лæг, уæд Райдайынц мæ кæйттæ. Уæд цæмæн, уæдта зæгъæд: Ахордтон? Кæй хæйттæ? Мыды мидæг ис мæ къух, Æмæ стæрын ме ’нгуылдз... Нæу халтур кæнын мæнæн А-дунейыл ме ’мгуырдз. Никæй хъыг дарын зæххыл,. Искæй дæр нæ сайын. Дзурынц мæ уæддæр æдзух: Сахуыр, дам, æхцайыл. Исы, дам, йæ къухтæ, зæгъ, Чъизи сты Паплойæн. Баризы, дам, цинæй хатт Ие ’хцатæн сæ койæ. Æмæ сæ цы кæнын уæд, Уымæй дæр мæ бафæрс,— Иунæг сау капекк дæр æз Никуы сафын, ма тæрс. Ам мын, горæты — хæдзар, Иу ахæм та — хъæуты. Гауызтæй фæлыст — мæ уат, Ног «Волгæ» — мæ кæрты. Алыхатт нæ цæуы, нæ, Иу фæндагыл дон дæр, Æмæ кæд лæг хуыйнын, уæд Уон чысыл æргомдæр: Ацы бандон мын фыдæй Нæу мыггагмæ хайгонд, Æмæ хъуа зæры бонмæ Уа мæ хуымгарст найгонд. Никæд бон мæнæй «мæрддзæст» Иу хъæбул нæ зæгъдзæн. Ингæнæй дæр сæм рæдау Се ’фтиаг æзгъæлдзæн. 264
Циу мæ бон, фæлæ сын æз Сарæзтон хæдзæрттæ. Не сты скойаккаг æмæ Ма даут уæ кæрдтæ! Науæд «Волгæтыл» уæ цæст Цавæр тынг ысхæцыд? Ау, мæ цæсгом сæ мæнæн Кой кæнын нæ хъæцыд. Гъе, стæй машинæ цы у? — Сау капекк æрмæстдæр! Уый мæ хъæбултæн рæдау Бауарзид уæ цæст дæр. Алкæмæн дæр сæ, мыййаг, Не ссардтон хæдтæхæг, Уыйбæрц та мæнæн кæм ис, Зонут л?æ уæхæдæг. «Куыд, кæцæй?» — ыстæй мæ уæд Райдайут фæрстытæ^ •Афтæмæй та уыл дзæбæх Ис сæртæ, цæстытæ! У мæ каистæн сæ цард Раст, хæндыгау, дзаджджын... Æмæ сын æз дæр нæ дæн Се стыр исæй хъаджджын. Аразгæ кæнын æрмæст, Макуы/нхъæлут — халгæ! Мидæмæ хæссын, уынут, Ницы кæнын калгæ. Уадзут дам-думтæ, фæлтау Сахуыр ут Паплойыл... Фæлæ кæд, мыййаг, уæ цæст Не сахуыр фæллойыл, Уæд нæ бауыдзæн уæ бон Царды рохтæ райсын. Зилы ’рмæст мæ куырой хорз, Дуртæ дæр дзы рассын. 26$
Ис мæнæн уæлейæ лæг, Дары мыл йæ базыр. Фæлæ а-фæстаг рæстæг Нал хуыссы йæ базыл. Кодта, дам, фатертæй уый Сусæг-æргом базар Æмæ, дам, æй судзы ныр Адæмæн сæ азар. — Уæд мæ рахис цонг мæнæн Ахаудзæн рæбыныл. Ехх, цы рæстуд лæууы ныр Сæрсæфæны былыл!» Афтæ сагъæсты Паплой ЗАГС-ы раз дзыназы. Хъуамæ раива йæ ном, Зоны цардæй хъазын! Фæлæ ацы хатт бæстон ’Рцыд кæрон йæ митæн. Ахæмты ныхмæ уæндон Рацыдыстæм — минтæ Æмæ сын бындзарæй ныр Скъахæм мах сæ уидаг, Уадз мæ бирæгътæ кæной Се сæфтыл æрдиаг! Чи уыд хин æмæ кæлæн, — Хъуамæ сæ ныддасæм! Намысы фæндагæй нæй Никæдбон фæтасæн. 1972 аз.
Магазины: — Фæнды мæ нæ уагдонæн сахат балхæнын. — Цавæр, къулы сахат, æви хъалгæнæн (будильник)? ***** Ус касти газет æмæ дисгæнгæ йæ моймæ дзуры: — Байхъус-ма, мæнæ цы фыосынц: «Фыдгæнæг февзæрд бæлццоны раз æмæ йæ ливорæй фехста. Нæмыг сæмбæлд бæлццоны æгънæгыл, æмæ лæг мæлæтæй фервæзт. Лæг йе ’нæгънæг палтомæ æркаст æмæ сдзырдта: — Бæгуыдæр, — зæгъы лæг, — чи куывта, уый уымæн, фæлæ ды уыцы бæлццоны ус куы уыдаис, уæд федтаид!.. * * * — Ныры фæсивæд нал бæззынц, зæрæдтæн нæ кад кæ- нынц,-—хъаст кæны зæронд лæг трамвайы. — Уымæй дæ цы зæгъын фæнды? — тыхстæй дзуры, зæронд лæджы раз чи лæууыд, иу ахæм лæппулæг. — Цы гæнæн мын уыд, уый дын балæггад кодтон, сыстадтæн .æмæ дын мæ бынат радтон. — Уьгй афтæ у, фæлæ уыныс, мæ ус лæугæ кæны! * * * — Дæ риуыл та уый цæй бибитæ дарыс? — зæронд ус фæрсы йæ хъæбулы хъæбулы. 267
. —Уыдон сты, æз дыууæ институт кæй фæдæн, уый æв- дисæн. — Афтæ гуылмыз зонды хицау дæ, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Иу институты нæ базыдтай, базонын дæ цы хъуы- дис, уый? # * * Дыууæ лекторы ’хсæн ныхас рауад: — Уыцы студенттæй гæртам хæлæфæй куы истай, — дзуры фыццаг, — уæд сын ныр дæ зонынад цæмæн æвгъау кæныс, цæмæннæ сын æй дæттыс? -? — Мæнмæ дæттинаг исты куы уаид, уæд мæхæдæг исгæ нæ кæнин, — дзуапп радта дыккаг. КЪОСТА АМОНЫ Иу поэт Хетæгкаты Къостайæн рахъаст кодта: — Адæмы къæхты бын фæдæн, мæ хæстæджытæ мын мæ хæдзарæй уазæгдон сарæзтой æмæ ма сæ куыд фервæзон, уымæн ницы мæ сæрæн зонын. — Æз дын зонд бацамонин, фæлæ æнæ хæстæг, æнæ хион куы фæуай, — зæгъы Къоста. — Æз ма сæ ирвæзгæ куы’фæкæнин. — Кæд афтæ у, уæд ма дæм сæ чи ’рцæуа, уымæн-иу де ’мдзæвгæтæ кæсын райдай. АХСÆНÆН ЦÆСТЫТÆ НÆЙ — Уæдæйардæм дæм кæсын æмæ иунæг кæрдих дæр сортмæ гæсгæ нæ ауагътай! — дзидзауæйгæнæгæн зæгъы фæлхасгæнæг. — Уæд мын дæ хæдзар фехæлæд, кæд дæ ахсæнæн цæс- тытæ нæй æмæ йæ ’взаргæ нæ кæндзæнис. ÆВЗАЛЫЛАСÆГ Фыд йæ фыртмæ æхца радта æмæ йæ бафæдзæхста: — Кæмдæриддæр уа дурæвзалы ссар, æндæра уазалы скъукйæм. Фырт æхцатæ ахаста, банызта æмæ æхсæвы цъæх-цъæ- 268
хид расыгæй, афтндæй æрцыд хæдзармæ. Фыдæй ахæм уа- вæры куы федта, уæд æм хæцыд, кæм ис де ’взалы, зæгъ- гæ. Фырт æм байхъуыста, стæй йæ гуыбыныл йæ къух æр- сæрфта æмæ сдзырдта: — Æвзалы кæм ис, зæгъыс? Æвзалы мæнæ, уыныс, мæ гуыбыны цъæх арт уадзы! САУДЖЫН ÆМÆ ЗÆХКУСÆГ Зæхкусæг бафарста сауджыны: — Хуыцау, дам, ис куы дзурыс, уæд кæм ис, йæхи нын цæуылнæ искуы равдыста? Сауджын: — Хуыцауы æз дæр никуы федтон, фæлæ дæхæдæг уы- «ыс, æвзæр мыл нæ ауды... ТЕЛЕФОНЫ — Дæттийы кæд æвæрынц? — телефоны фæрсы иучи- дæр йæ зонгæйы. — Æнхъæл дæн, райсом! — Сабаты? — Æмæ дæуæн цы хъауджыдæр у? — Райсом мæ хæдзарæй нæ равдæлдзæн, абон та сæри- €>ар дæн, мæ хицау командировкæйы ацыд, æмæ... КÆЙ ХОНЫНЦ ОПТИМИСТ? — Баба, оптимист кæй фæхонынц? — фæрсы лæппу йæ •фыды. — Мæнæ, чи ’нæ кусы, афтæмæй йæ цæстытыл хорз да- рæс, хæрд-минас кæмæн фæуайы æмæ «Волга»-йыл чи фæ- хъуыды кæны, уый. — Баба, уæдæ ды дæр оптимист дæ? * * * ..!>" I '• • Ус йæ лæгæн: — Дис мыл бафты, лæппуйæ дæ афтæ чъындыйæ иу дзырд «бауарзтон» куыд рантыст? — Бæргæ йыл фæсмон кæнын, фæлæ ма ныр цы!.. 269
* * * Иу лæг хъаст кодта иннæмæн: — Нозт мын нæ фидауы, æртах дæр дзы куы баназын,. уæд дæр мæ сæры фæмидæг вæййы. — Нозты хъуыддаг афтæ у: афтид бынæттæ уарзы. * * * Хицауы раз лæууы иу æвзонг инженер. — Цы хъуыддаджы фæдыл мæм æрбацыдтæ? — Куыстагур дæн, — дзуапп радта инженер. — Кæдæй-уæдæй ма мæхи хуызæн лæг федтон,— ныц- цин кодта хицау, — æз дæр агурын куыст, — æрмæст мæ- кусджытæн... * * * Иу лæг фыста йæ усмæ: — Æз ацыдтæн: «фæцу æмæ ма ’рцуйы фæндагыл». Ус фыстæг бакаст æмæ йæ моймæ ныффыста: — Мæнæн уæлдай нæу, кæмфæнды у, æрмæст мæм дæ алименттæ цæуæт «æрцуйы» фæндагыл. Иу æвзонг адæймаг дзырдта фæлтæрд фыссæгæн: — Тынг мæ фæнды фыссæг суæвын... Æз ныффыссинг мæ фыд æрвылбон хæдзармæ расыгæй куыд цæуы, уый тыххæй радзырд. Фыссæг æм ныффыста: — Цы зоныс, ууыл хъæц, кæннод дæ мадыл дæр исты- тæ ныффысдзынæ... * * • Горæты доны хæдзарады директор, горæххæсткомы сессийы йæ куыстæй куы феппæлыд, уæд æм депутаттæй чидæр дзырд баппæрста: — Нæ горæтæй дæ доклады дон фылдæр ис... — Дæуæн цы уæлдай у,< дон.уæд æмæ кæмфæнды уæд,—• дзуапп радта директор. 270
* * * Ус йæ лæгæн: — Дæ директор дæ куы раппæлыд, уæдæй фæстæмæ дæ- куыстмæ цæуыс æвæстиатæй æмæ изæр æрцæуыс фæллад- гъуызæй. — Æз ныр куысты кусгæ фæкæнын, кусгæ! — раппæлыд лæг. * * * — Æппынфæстаг нын Хæмæт дæр йæ нозт кæнын ныу- уагъта. — Уый гæнæн нæй, кæд хуы бæласыл схиздзæн, уæд уый дæр нозтыл йæ къух сисдзæн. — Ард дын хæрын, Хæмæт нозты хъуыддагæн æртах дæр нал хæссы йæ дзыхмæ. — Уæддæр цæуылнæ? — Амардис!.. * * * — Цæй, куыд? Дæ къласы ма дыл исчи тых кæны? — зæронд ус фæрсы йæ фырты фырты. — Иу ма мыл дзы тых кодта, æмæ уымæн дæр йæ фындз «аиту» кодтон! —фæцырд фьгрты фырт. * * * — Тæрхъусæн цал къахы ис? — фæрсы ахуыргæнæг скъоладзауы? — Цыппар! — Дыууæ тæрхъусæн та цал уыдзысты сæ къæхтæ? — Аст! — Дыууадæс тæрхъусæн та? — Ахуыргæнæг, æз уыйбæрц тæрхъустæ иумæ никуымз федтон. — Уыцы къленц чызг та куыд стыр хъусцæджытæ ба- кодта, хæссын дæр ын сæ нæ хъæуы, хæссын? — фæрсы иу иннæйы. 271
— Цы чындæуа, хъуамæ сæрыл исты уæз кæна, — ба- ’фиппайдта дыккаг. * * * Лæг фынь худти, афтæмæй фехъал, аракæс-бакæс код- *а æмæ фенкъард. — Цымæ цæуыл худтæ? — афарста йæ йе ’фсин. — Фыны, цыма, ды дæ цæгатмæ афардæг дæ. — Æмæ æнкъард та цæмæн фæдæ? — Уæддæр та дæ нæ фервæзтæн... ш ш * Колхозы сæрдар гыхсы: — Мæ фермæйы фосæн сæ холлæгтæ фесты æмæ уæ æп- пын иу зæрватыкк, кæнæ иу дзывылдар ничима федта? — Уæлæ уым къалиуыл бадтысты иу дзывылдар æмæ иу зæрватыкк, фæлæ дзы холладжы бындзыг иумæ дæр нæ ^ыдис, — фæцырд хъугдуцæг. * * * Иу лæг хъаст кодта: — Мæ фыртæн ахуыры ницы æнтысы, хæдзармæ æдзух- дæр хæссы æвзæр бæрæггæнæнтæ. — Дæу фæнды æмæ сæгъæн уæрыкк куы райгуырид? — фæцырд æм иннæ. * * * Дыууæ лæджы ныхас кæнынц: — Фехъуыстон, ды, дам, стыр кляузник дæ... Лæг дзырд «кляузник» циу, уый нæ бамбæрста, хорз цыдæр æм фæкаст æмæ æнкъардæй сдзырдта: — Кляузник бæргæ дæн, фæлæ мын аргъгæнæг та чи у, аргъгæнæг? | * # * Дыууæ халтурæгæнæгæй сæ иу фæрсы иннæйы: — Паддзахады дзыпмæ нывналынæн кæд вæййы æппæ- 272
тæй хуыздæр рæстæг? — Ревизор куы фæфынæй кæны, уæд, —дзуапп радта иннæ. * * * — Уазæг хаты фысыммæ. — Мæн тыххæй ма тыхс, мæ фæдыл ма рацу, мæхæдæг ацæудзынæн. — Тыхсгæ нæ, æз цин кæнын... — фæцырд фысым. * * * — Раразмæ та дын кодтон дæ хæлары, — дзуры иу ин- нæмæн, — фæлæ та уæддæр цы у, уымæй баззайдзæн. 1—Дæ хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ хæрæг йæ мыггагыл йæ къух сиса? **** * Хæрæндоны фæлхасгæнæг менюмæ кæсы æмæ офици- анткæимæ хыл кæны: — Ау, куы фыссут, «уый дæр нæм ис, уый дæр нæм ис», уæд уæ хæринæгтæ кæм сты? — Дæу куыд фæнды, ма иу ран уой, ма иннæ ран? — дзуапп радта офйцианткæ. * * * — Дæ радзырд нæ рацæудзæн,— авторæн дзырдта ре- дакцийы æвзонг, рæсугъд сылгоймаг. — Иæ хъысмæт ын æз алыг коДтон. Фыссæг иудзæвгар сдзурын нал сфæрæзта, стæй ма æнæбары афарста: — Æмæ уагæры ды ам цы куыст фæкæныс? — Æз? Æз ам мæрзæгæй кусын... — Дæ романы дон бирæ ис,—дзырдтой иу, фыссæгæн критиктæ, фæлæ уый уæддæр нæ саст, хæрам æфхæрд м& кæнут, зæгъгæ. 18. Харебаты Л. 273
— Нæ дæ уырны? — загътой критиктæ, стæй къухфыст судзгæ пецы смидæг кодтой æмæ арт ныххуыссыд. * * * Ус æмæ лæг сæ сыхаджы æвзагæй фæхъæлæба сты. Сыхаг куы базыдта хыл кæнынц, зæгъгæ, уæд сæм бацыд, ома се ’хсæн балæууон. Лæг усы фæуагъта æмæ сыхагыл ’ фæхъæр кодта: — Лæг æмæ усы ’хсæн хæрæг ма хъуамæ ацæуа!.. * * * Мидæгмоймæ бацæуæг лæппу-лæг æдзух цыдис æнкъар- дæй. Иу бон ын йе ’мбал бауайдзæф кодта: — Дæ фындз цы ’руагътай, цы цух ма дæ, мæнау дæ хæдзар аразыны мæт куынæуал ис. — Æз дæр ууыл маст кæнын, искæй хуыцау æмæ хи хæйрæгæн иугъуызон аргъ ис. * * * * Ныхас кæнынц дыууæйæ: — Диссаг мæм кæсы, нæ заводы директор уыцы подха- лимы цы федта, цы дзы бауарзта? — Рувас йæ къæдзилы бирæ уарзы!.. * * * — Цалдæр æфсымæры куы стут, уæд уæ мад æмæ уæ фыд дæ даринаг цæмæн фесты? — усы мад афарста йæ ног сиахсы. Лæппу ахъуыды кодта æмæ сдзырдта: — Æвзонг хæрæгыл фылдæр уаргъ сæвæрынц. . * * * 1 . Дыргъисæн пункты кусджытæ се ’мбалы ’хцайæ дымст дзыппытæм кæсынц æмæ йын дзурынц: — Æмбисондмæ гæсгæ, дам, ссарæггаг æмбисыл фæ- дих кæнынц... 274
— Æмæ уæд давæггаджы тыххæй цы ’мбисонд зонут? — бафиппайдта уый. — Къæрныхæй радавын — удыбæстæ.— Уыд сæ дзуапп. * * * — Æгæрыстæмæй, маймули дæр раст куы дзура, уæд- иу уымæ дæр байхъус, — фæдзæхста мад йæ фырты. — Æз æм байхъусдзынæн, фæлæ мæм уый дæр бай- хъусдзæнис? — бафиппайдта фырт. * * * Лæджы дзæбуг бахъуыд æмæ йæ усæн дзуры, фен- ма йæ, зæгъгæ. Ус æй къуымты ацагуырдта, фæлæ йæ не ссардта. Лæг рамæсты æмæ усмæ дзуры: — Цымæ искуы цæндыл’дур ссардзынæ, дур?! — Уæдæ дæу кæм ссардтон! — бафиппайдта ус. * * * Зæронд лæгæн йæ сæр рысти æмæ йын таблеткæтæ авæрдтой донимæ. Лæг доны бæсты æркуырдта сæн. — Сæн та цæмæн? — афарста йæ йе ’фсин. — Нозт сæрмæ цæуы æмæ кæд хосы йæ разæй схæс- сид, — бафиппайдта лæг. * * * Сылгоймаг магазинмæ бацыд æмæ уæйгæнæгмæ ба- дзырдта: — Иу фынддæс килограммы мын фæткъуытæ, куы аба- рис. ’ ’ ’ . Уæйгæнæг райдыдта фæткъуытæ æвгæнын. Уæдмæ ус йæ хъуыды аивта æмæ та ногæй бахатыд: — Фынддæс килограммы мын æгæр уæззау уыдзæн, фæлтау сæ куы фæкъаддæр кæнис. — Тыхсгæ ма кæн, æз дын сæ афтæ сбардзынæн, æмæ сæ æнцонæй куыд афæразай. 275
* * * — Ацы хорз бæхæн алыхатт дæр хицау разыцдзæн,— загъта къæрных æмæ йæ ачырхта. # # * — Æз бæласыл никуы схиздзынæн, — загъта хуы æмæ цъуфæйдзаг кæрдотæ райдыдта хæрын. # # # — Ской æри у, æри тыхми у, — загъта хуыснæг æмæ æцæдзургæйæ кæйдæр хæдзар ныссæрфта. # * * — Лæг бонæн иог ныхас куынæ хъуса, уæд йæ хъустæ, къæлæуы хъустау, даргъ кæнынц, — загъта дам-думгæнаг æмæ йæ хъус йæ сыхаджы дуарыл сæвæрдта. * # * — Фырхæрд фыдрын у, — загъта æфтауцдоны гæс æмæ мыды къæрта быныстæрд нæ бакодта. # # # — Чи цы агуры, уый ссары,— загъта иучидæр æмæ кæйдæр дзыппы йæ къухтæ ауагъта. # # # —Зивæг мæгуыры мад у, — загъта хистхор æмæ æнæ- хонгæйæ хæрнæгмæ ацыд. * # # — Мæгуыры дур хæрдмæ суры, — фехъуыста иучидæр уплтургæнæг агуирийæ хæдзар ныззылдта. 276
* * % — Тох царды сæрыл, — загъта зивæггæнаг, æмæ та кæрдзыны фарсмæ æрбадт. ^ „^уг;г-г ’ * * * — Арсимæ кæрдо ма цæгъд, — фæдзæхста фыд йæ фыр- ты. — Цæмæннæ? Уый мæнæй æдыхдæр у? — фæцырд фырт. — Рæуæг ма у, æндæра цæхæры бахаудзыйæ, —иу лæг фæдзæхста иннæйы. — Ацы уазалы ма æз хъарм куы суаин, — дзуапп радта дыккаг. * * * — Гуыбын талынг скъæт у, ма дыл фæтых уæд, — фыд ныхас кодта йæ фыртимæ. — Электроны рухс æм нæй бауадзæн? — афарста фырт. * * * — Дæ цæх’тон кæм нæ уа, уым-иу дæ къæбæр ма тул, - • амыдта хисдæр кæсдæрæн. — Æмæ уæдæ сур къæбæр хъуыры куыд хъуамæ ных- хиза?! —дисгæнгæ йæ афарста. * * * — Къæрныхы бас æдзæхх вæййы, дæхи хиз давынæй,— фæдзæхста фыд йæ фырты. — Æвæццæгæн, цæхх давын йæ сæрмæ нæ хаста? — афарста фыды. Лæг хæдзары кæрдзын нæ хордта, æдзухдæр цыд рес- торантæм. Иу бон сихорыл йе ’фсин йæхи ацæттæ кодта. 277
аг йæ къухмæ райста æмæ хъуамæ къæсæрæй ахызтаид. Лæг æй афарста, кæдæм фæраст дæ, зæгъгæ. — Никуыдæм, уæртæ дын ресторанæй хæринаг æрбада- вон, мæ арæзт хæринаг дæ хъуыры нæ хизы, æмæ... * * * Скъолайы ахуыргæнджыты æмбырды директор æдзух- дæр кодта, дыууæ азы иу бынаты ч.и бады æмæ æвзæр бæ- рæггæнæнтæ кæмæн ис, æрмæстдæр уыцы ахуыргæнинæгты кой, нæ хъус сæм æрдарæм, рохуаты сæ ма уадзæм, зæгъ- гæ. Дзырд куы фæцис, уæд æм иу ахуыргæнæг фарст рад- та: — Фæлæу-ма, ахуыр лæг нæ нал хъæуы, тынг хæрзтыл чи ахуыр кæны, уыдон та цы фæуой, уыдон? * * * Музыкæйы ахуыргæнæг урок лæвæрдта: роялыл æх- хæст кодта цавæрдæр фæсарæйнаг мелоди. Уыцы рæстæ- джы уынгæй æрбайхъуыстысты ирон фæндыры æхцон зæл- тæ. Ахуыргæнинæгтæ йæ æваст фæурæдтой: — Ахуыргæнæг, байхъусæм уал æмæ йæ стæй адард- дæр кæндзынæ... * * * / Хъæдæрмæгæй кæм базар чыидæуыд, иу ахæм уагдоны хицауы йæ куыстæй фæтардæуыд. Ие ’рдхорд уый куы фе- хъуыста, уæд æй афарста: — Цы дын загътой, цæмæн дын бакодтой ахæм ми? — Хъæды рæмпæг мæ рахуыдтой. — Æндæр ницы загътой ногæй? * * * Дзидзайы комбинаты кусæг йе ’мбæлтты фæхуыдта, йæ хæдзары кæрты уыдысты горæты æппæт куыйтæ. Уазджы- тæ сæ куы федтой, уæд йæхицæй ныббуц, афтæмæй æппæ- льтд: — Мæн нæ горæты куыйтæ дæр зонынц... 278
* * * — Нæ лæг цыдæр дондыппыр роман фыссы, — æппæлыд иу ус йæ сыхагæн, — цы сæртæ дзы ахъулæттæ кæны, уы- донæн сæ чернилæ нæма асур вæййы, афтæ журналы сæ тъæпп фæцæуы, гъе æмæ æхцайæн — æхца, кæсагæн та — кæсаг. — Æхца, гонорар исут, уый æмбарын, фæлæ ма кæсаг та кæцæй, кæсаг? — Ед у, йæ романы дон бирæ ис æмæ дзы кæсаг ауагъ- там... * * * Агуывзæйæн иу къах йеттæмæ нæй, фæлæ хатт дыкъа- хыгæй саразы цыппæркъахыг. — Федтай? Мæ очерк мын уæй кæнын райдыдтой! — Æз æй дыууæ хатты бакастæн. — Дыууæ хатты? Бузныг, мæ хæлар, гайтма дæ зæрдæ- мæ фæцыд... — Фыццаг хатт æй куы бакастæн, уæд дзы ницы бам- бæрстон... — Афтæ парахатæй куы хардз кæныс, уæд дын уый- бæрц æхца кæцæй цæуы, кæм кусыс? — фарста иукæйдæры йæ дард хæстæг. — Куырмыты æхсæнады, — цыбыр дзуапп радта уый. * * * — Мæ бьгнаты баззадтæн, уыцы ревизи дæр та мын ни- цы ракодта, — æппæлыд фыд. Уыцы ныхасмæ скъоладзау лæппу фæцырд æмæ цин- гæнгæ базгъордта фыдмæ: — Баба, æз т’а дæуæй тарстæн. — Цæмæй мæ тарстæ, бабайы лæппу? 279
— Зæгъын мæ куы фæнæмай, æз дæр мæ бынаты баз- задтæн æмæ уымæн! — Цы? — сдзырдта фыд æмæ йæ рон райхæлдта. * * * Æрдзы скондыл чингуытæ чи фыста, иу ахæм астроном бафиппайдта: йæ сыхаджы хæрæг-иу æрвылбон дæр ныу- уасыд уыцыиу рæстæджы. Астроном-иу хæрæджы уастмæ йæ сахат сраст кодта. Иухатт æй йæ цымыдис бакодта хæ- рæгмæ æмæ йæ бафарста: — Афтæ дырысæй рæстæг куыд базоныс, кæм сахуыр дæ? — Дæ чингуытыл!—дзуапп радта хæрæг астрономæн. * * * Студент æгас афæдз лекцитæм нæ цыд æмæ афтæмæй фæлварæнты рæстæджы лекторы раз æрбадти. Уый йæм цымыдисгæнæджы каст бакодта æмæ сдзырдта: — Æххæст-ма чысыл багæдзæ кодтаис æмæ дын дæ диплом уæхимæ арвыстаиккам! — Æз дæр уæм уымæн æрбазылдтæн, нæ зæронд хæ- даары нал цæрæм æмæ, зæгъын, адрес куы фæрæдиат. * * * Нозтдзуангæнæг дуары сæрмæ бакаст: «Хæрæндон». Уыцы дзырдæн йæ сæрмæ дзырд—«ахуыргæнинæгты» фыст кæй уыд, уый нæ бафиппайдта æмæ йæм бараст. Хорзау нал фæци:, сывæллæтты цай цымгæ куы ауыдта, уæд æмæ хъуамæ раздæхтаид. Уæдмæ йæ буфетгæс ба- фиппайдта æмæ йæ афарста: — Махмæ дæ ис хъуыддаг, æви директормæ? — Директормæ дæр цæуылнæ, фæлæ мæ фæндыд, сы- вæллæттæн цы фæхæрын кæнут, уый базонын! Фысым: — Нæ буц уазæг, роды аккаг нын бæргæ дæ, фæлæ нæ дæхæдæг бафæдзæхстай, родтæ, дам, мауал æргæвдут. 280
Уазæг: — О, фæлæ хъыбылы тыххæй куыницы загътон... КУВÆНДОНЫ Дзуарылæг: — Хуыцауæн уал скув, хæрд дын никуыдæм ирвæзы! Студент: — Æмæ мын хуыцау кæдæм ирвæзы? ЧЫНДЗÆХСÆВЫ Цалдæр хатты моймæ фæцæуæг чызг та чындзы куы цыд, уæд йæ мад йæ фæдыл скуыдта. — Ма ку, гыцци, фæзындзынæн та дæм. — Сабыр æйг кодта чызг. — Æз дæр ууыл кæуын, ууыл. ФÆЛТÆРД ФЫССÆГ ÆМÆ ÆРЫГОН ПОЭТ Фнссæг: — Де ’мдзæвгæтæн сæ дон куы ныллæмарис, уæд сæ ис- ты [ авзæрид. Æрыгон поэт: — Уæд ма сæ цы баззайдзæн? ПАРНАСЫ ХÆХТЫЛ ФЫНЫ Парнасы хæхтæм мæ фæхаста Пегас, Уым бадтис нæ Иры сæрхъызой Къоста. Æрхаста мыл буцæй йæ уаз цæстæнгас, Стæй мæ æрфарста хабæрттæй лыстæг: — Кæрæдзи ма афтæ æхсынут, мыййаг? Уæ зæххæй ма баззад кæд исты уæййаг? — Фæдзур мын хабæрттæ, æппæтдæр лыстæг Мæчысыл ирон лæг, мæ уарзон бæстаг! — Ды зоныс æппæт дæр, нæ сагъæс нæ рис. Фæлæ мæ куы фæрсай, уæд дзуринаг ис. Дæ фæстæ нын тонынц дæ сисыл сæхи, Нæ сæртыл ныууары сæ фыдæй цъæх их. 28 Г
Поэттæ, фысджытæ нæм сарæх дзæвгар, Æмæ сæ паддзахад дæр дары лæвар. Дæ разы цырагъау фæсудзæт Бохъор, Нæ амард дæ фæстæ, нырма дæр цæры, Поэзийы хардзæй фæлмæн дзул хæры!.. Фæндыдис мæ дзурын Къостайæн æппæт: Нæ адæм, нæ бæстæ — йæ сагъæс, йæ мæт. Уæдмæ уым дæлыйæ ысыхъуыстис хъæр: — О, Иры сæрхъызой, мыггагмæ нын цæр! Чысыл мæ дæ цурмæ куы суадз.ис дзырдæн... — Нæу уазæг æздахын нæ Иры фæткæн, Цу, ауай æмæ йæ дзырдыбæрц ыскæн. ■— Йæ кæсдæрмæ асидт, уæздан лæг Къоста. Стæй мæм æрбакаст: — Цы та йæ хъæудзæн, Мæгуыргурæг чидæр æнæмæнг уыдзæн?.. Уæдмæ уым æцæгдæр фæзындис Ахыг, Зæронд лæг, лæппуйау, ныкъæмдзæстыг тынг: — Æгæр дæ куы дарын нæ цæугæхох, хъыг, Фæлæ ма цы кæнон, цы фæнды мæ зæгъ... Дæ фæрцы мын фаг уыд кæрдзын æмæ цæхх. Æмæ ныр куы фæдæн мæ даргъ зарæг фыст, Дæумæ дæр, æнхъæлын, йæ хорзы кой хъуыст. Ныххудтис ыл дисæй зæдæн ысконд лæг: — Æрцыдис мæ хъустыл дæ хабар æцæг, Фæлæ дæ цы хъæуы, цы мæ домыс — дзур, Къæбæргур æрцыдтæ æмæ йæ æркур! — Цæуыл ма ныффыссон ысдзæгъæл мæ сæр, Уæлтæмæн мæ бауадз, ыстæй мæ фæтæр! — Дæ къæбæр та домыс, нæ дæм кæнын «хъыг», Фæлæ дæм нæ уынын поэтикон зынг. Нæу алкæй бон, иууыл фысджытæ ысуой, Фæлæ дзы, бынбауай, ды сæвæрдтай сой. Цу, истыуал араз, дæхи та лæмар, Дæ фæстаг къæбæрмæ дын чи дары бар... Фæлæ мæ фыссæджы ном ма бадом — хъус, Дæ хуызæттæ Иры ныртæккæ нæй цъус! — Нæ кæндзынæн, никæд æз уымæй дæ хъаст, Курдиат лæгæн у сæрниз æмæ маст! — Сæрныллæгæй кувгæ фæцæуæг Ахыг. Мæнæйма, уæздан лæг нæ райста йæ хъыг. Къоста мын уæд систа Алынбеджы «Барст» , Æмæ мын æй буцæй, сæрыстырæй каст. ! — Гъей, амæ ис, амæ поэтикон зынг. — ’Æзгъæлдис фырцинæй йæ цæстыты сыг. — Æрцу мæм Парнасмæ, — æрвитын æм æз, :282
Мæ фæдонæн хъуамæ æз зонон йæ хуыз. Бæргæ ма йæ дзурын цыдæртæ фæндыд, Фæлæ та æрдæгыл уæд фескъуыд йæ дзырд. ...Æмпъызт дзæкъултимæ иуцалдæр фыссæг, Æруагътой сæ сæртæ сæ риутыл ныллæг. Сæ разæй Хъылцыхъо, сæ фæстæ— Бæдзе. Парнасмæ сæ Ирæй æрвнты Быдзе. — Мæ бон дын сæ нал у, — цы фæнды сын кæн, Æрвиты Къостамæ, — цы хæсджын сæ дæн?! Кæдмæ сæ фæдарон, ихсийын æз дæр, Сæ тыхстмæ кæсынæй æсдзæгъæл мæ сæр. Æссис сæ йæ хъуырмæ, уыныс æй нæ Ир, Æфтаугæ сæ иу дæр нæ кæны æфсир!.. Быдзейы фыстæгмæ фæкастис дзæвгар, Фæдзæхста ма ноджы: — дæ бар фот, дæ бар! — Тæфтыл уадзын дæр сæ нæ хъæуы бынтон, Æз иунæг Бохъорæй дæр ме сæфт уыдтон!. Ныр та мæм дæсгæйттæй мæгуыргур цæуынц, Кæс ма сæм, мæ разы цы уагæй лæууынц?! Хытъынты Тæнонæн бынтон нæй фæнык, Йæ уастæй бæрæг у, у ’нæуд сæныкк. Æмæ та мæм уый дæр æд дзæкъул æрцыд, Ох, бастъæл, поэзи, цæй фыд дыл æрцыд?! Мæ цæстыты разæй æрбайсæфут тагъд, Кæннæуæд уæ иумæ куы кæнын бындзагъд! — Кæм ма уыд, уым алчи æфснайдта йæ сæр. Йæ дзæкъул сæ алчи фæхаста уæддæр... Æхсæвы Парнасыл ысбон кодтон уæд, Фæлæ уыд сæурайсом мæ сагъæс, мæ мæт: Куыд радзурон Ирæн мæ ногбоны фын, Рæстдзинад зæгъын дæр зын вæййы хатт, зын! Цы фыдбылызæн æм æмбырд кодтой, уæд, Пегас мæ Парнасмæ куы фæхаста, уæд!? ДИАЛОГ — Мæ хъустыл æрцыд, цыма ды тагъд стыр хицау суыдзынæ æмæ мын æхсызгон у. — Подхалим зæгъы йæ ног зонгæйæн. — Æмæ ууыл ды цæмæн цин кæныс? — Дæхæдæг зоныс, æнæ хицау лæг мæгуыр у... ??? 283
ЛÆГ ÆМÆ УС Лæг нозтыл бафтыд æмæ хæдзармæ ницыуал хаста. Иу бон та расыгæй куы ’рбацыд, уæд æм йæ ус хæцыд: — Дæ сæр баназай, дæ бинонтæ сыдæй мæлыц, ды та нозтдзуан кæныс! — Уæдæ хъуамæ иууыл фæцагъды уæм? — бафиппайдта лæг. * * *. —Курæг уæ дæн, мæ куырдиат мын равзарут, — куырд- та та ногæй куырдиат бадæттæг. Куырдиæттæ кæмæ цыдысты, уый загъта цасдæр рæс- тæджы фæстæ: — Мæ хæлар, дæ куырдиат дын сæххæст кодтам, дæ куырдиæттæ дын равзæрстам сæ азы гуырдтæм гæсгæ. * * * Ус: — Мæ лæг мæ удхæссæг фесты, расыгæй куы ’рбазыны кæрты дуарæй, уæд. Официанткæ: — Дæ лæг мæ удхæссæг фесты, хæрæндоны дуарæй æр- вонгæй куьт ахизы, уæд. — Фынæйгæнæн хос æрæмысыдтæн, — зæгъы дохтыр. Лектор йæ портфелы йæ къух фæтъыста: — Мæ лекци мын ма ачъырха!.. * * * Иу сауджын йæ хæларæн бауайдзæф кодта, зæгъгæ, уыд цы ’рцыдис, аргъуаны тæфтыл куынæ цæуыс! — Тæрсын, мыййаг дын дæ иунæгдзинад куы бахъыг- дарон... 284
* * * Магазпнæй хъæр фæцыд: — Хорз ус, дæ карк ардæм рахæсс! Бахаста йæ. Магазины кусæг карчы арауын-бауын кодта æмæ йын ницæйаг аргъ загъта. — Ууыл æй нæ ратдзынæн, — фæцырд карчы хицау æмæ раздæхт. — Усмæ йе ’мбал æддийæ æнхъæлмæ каст æмæ йæ афарста: — Цы бадæ? . —Цы хъуамæ бауон, йæ размер дзы нæ разынд! Ахуыргæнæг ахуыргæнинæгты бафæдзæхста: — Мæ дзырдтæ мын уæ хъустæй ма ауадзут! Уæд иу ахуыргæнинаг бафиппайдта: — Ма тæрс, ахуыргæнæг^ мидæмæ дæр сæ никуы ба- уагътам. * * * Иу фыссæгæн йæ чиныгыл фыст уыдис ахæм эпитафи: «Дæ чиныг рацыдис мыхуыры, Бæгуы дын ныггæндты лæудзæн. Æуым æй мыстытæ хæрдзысты, Фæлæ йын бацагур къæпхæн». Иу лæг Цхичвалы уынджы автобусмæ нал фенхъæлмæ каст æмæ къахæй фæцæуæг. — Дæ хорзæхæй, æрра сдæ, уый цы ми кæныс, авто- бусыл пæуылнæ цæуыс? — Бæргæ, æз дæр, дæуау æвдæлон куы уаин, уæд... * # * Нозты хиадтæ рабæлвырд кодтой ахуыогæндтæ. Ис æм магниты хиадгæ, — йæчимæ ’лвасы, дзыппы хца æмæ сæ- ры та ?оид нæ фæучдзьч 285
Давгæ-давын мардфæуæг хуыснæджы дзыппы ссардæ- уыд гæххæтты" гæбаз, уым фыст уыд: «Хорз куыдз йæ мард дардмæ хæссы». * * * Редакцимæ ’рбацыд уац, ахæм сæримæ: «Дзæгъæлы дзæнгæда никæй хъæуы». Редактор уац бакасг æмæ йыя цæхгæрмæ сырх къарандасæй бафыста: «Дзæгъæлы дзæн- гæда никæй хъæуы». Иу фыссæг тæрхондоны загъд самадта: —Æз мæ дзырдтæй базар нæ кæнын, мæ гонорар мын бафидын кæнут! * * * —Æз райгуырдтæн, стыр Къоста куы амард, уыцы аз,— дзырдта иу фыссæг. Уый фехъусгæйæ критик бакатай кодта: Цы бачындæуа, дыууæ цауы дæр сты ’хъыгаг цаутæ ирон литературæйæн. * * * — Иу философы цур тынг рæсугъд чызг хæкъуырццæй дзырдта: — Мæ цард, мæ уд, мæ зæрдæ дæуæн снывонд кодтон æмæ мыл ды та сайдæй рацыдтæ! — Æз философ дæн, — загъта уый, — цы кæнон æрдзы алцы дæр ивы, аивта мæ уарзт дæр. # # .н 1 Иу лæг дзуармæ фæцæйцыд æмæ йæ зынг айрох. Фи’- зонæг, нозт æмæ хæбизджынтæ æрдæг фæндагыл фæуагъ- 286
та æмæ хæдзармæ фездæхт. Цалынмæ фæстæмæ цыд, уæд- мæ йын куыдз йæ физонæг аскъæфта. Физонæг уым нал ис,, уый лæг куы федта, уæд уайдзæфтыл схæцыд. — Гъей, дзуар, куыд æххормаг уыдтæ! Фæлæууыдаис æмæ йæ иумæ бахордтаиккам... Уыцы усы æвзагæй, зæгъгæ, кард сарæзтай, — айнæг хохы дзы йæ астæуыл атæхын кæнис! * * * — Сылгоймагæн йæ дзыкку — даргъ, йæ зонд цыбыр: —»■ Фыдæлты талынг æмбисонд. Куыддæр стилягæ- чызджы хъустыл æрцыд, афтæ йæ,къæбут адаста. * * * Уый кæддæриддæр вæййы хæрзæхсад,- хæрзиту, фæлæ* йæ адæм уæддæр хонынц чъизи лæг! ’ Хæтаг, дам, у,—дзырдтой иу сылгоймагæй, афтæмæй та.уынгмæ дæр никуы рацæуы... * * * Фермæйы гæс æмæ родтæ кæрæдзийæн кард æмæ фыд фёстадысты... — Рувас, рувас! — фермæгæсы усы ауынгæйæ, ныхъ- Ьсъæр кодтой кæрчытæ. 287
* * * Газеты бæрнон секретарь фæдзæхста: — Газетæн уац цыфæнды тагъдæн фыссай, сæр дзы алыхатт дæр хъæуы. — Коперник раст у!—фæхъæр кодта расыг лæг,— зæхх зилы... * * * Иу подхалимæн лæппу райгуырд æмæ сывæллонæн æп- пæты фыццаг асгæрста йæ астæустæг: тасы, дам, ын... * * * Иу сылгоймаг тыхстæй редакцийы фæмидæг: — Дысон мæ лæджы иу усимæ баййæфтон æмæ сыл уырдæм къæртайы дзаг дон аскъæрдтон, — зæгъы уый. • >—Æмæ Дæ махæй цы ’ххуыс хъæуы? — афарстой йæ. — Ницы, мæ лæг адæмы ’хсæн ист у æмæ ма ныддам- дуймаг уæд. Киоскы раз, уынджы, лæппутæ авджы дзыхæй нозтой бæгæнытæ. Раст уыцы рæстæджы ууылты рацæйцыд иу æрыгон чызг — родтæм зилæг. Лæппутæм кæсгæйæ баззад, стæй киоскмæ баздæхт: — Тæхуды, дæ бынаты иу афæдз бакус, сагау сыкъа- тæ суадзин, — зæгъы чызг, — цы хорз родтæ дын ис! Акæс- ма, сæ раззаг къæхтæй æвгтыл ныххæцыдысты æмæ уыцы ’дзæбæх æнцъирынц. Мæнæн та мæ уд аскъуыйы родтæн сылы даргæйæ. * * * —,Хæтæцыхъо, дæ усæй та ахицæн дæ? — Ахнцæн дæн!
— Æмæ уæм цы рауад, хорз сылгрймаг æй куы хуыд- той?! — Слушай, иугъæдон хæринаг мæ дзул’ æмæ мыдæй дæр нæ хъæуы, — бафиппайдта Хæтæцыхъо. * * * Колхозонтæ джитъритæ æртыдтой æмæ агроном загъд самадта: — Цъæхæй сæ цæмæн æртыдтат, рæгъæд кæнын сæ цæ- уылнæ бауагътат? Колхозонтæ къабускайы сæртæ æркарстой, агроном сæм бацыд æмæ сын се стæвдтæ-стæвдтæ равзарын кодта. Чидæр æм нал фæлæууыд æмæ йæ афарста, зæгъгæ, сын се ’стæвдтæ цæмæн æвзарыс? — Тауинагæн, — дзуапп радта агроном. * * * — Цæмæн дарут фысты, цæуылнæ сæ скъæрут хæх- тæм? — фæрсы æвзонг ветдохтыр. Фыййæуттæ дохтырмæ бакæстытæ кодтой, цыма сæ ба- зайраг уыд, фæрабар-бабар æй кодтой æмæ йын стæй сæ иу дзуапп радта: — Нæ буцхицау, бæргæ нæхи дæр фæнды, фæлæ.фыс-* тæ цæфхад саг,ъд нæма сты æмæ... — Æмæ уый кæй аххосæй афтæ у?! — Нæ сæрдары, дæ рын бахæрон, нæ сæрдары, — зæгъы та зæронд фыййау. — Цæфхæдтæ рæстæгыл не самал код- та... — Хорз, æз баныхас кæндзынæн емæ, — загъта дохтыр æмæ алæбурдта сæрдармæ. Районы адæмон ахуырады хайады инспектор бæрæг кадта, хцмииы :ахуыргæнæг сывæл^æттæн уррк ^куыд ящо- ны,-уы.й.гУрок куы, фæцис, уæд’инсйекто^/ахуыргæцæгй^æ,. загъд самадта: ’ ’ " " ’ л 1:" ’’ ’" ’ '""" ’г* Харебаты Л. 289 ’
— Уымæй урок лæвæрд нæй! Æз дзы ницы бамбæрстон æмæ дзы сывæллæттæ цы хъуамæ бамбарой? Ахуыргæнæг рамæсты: — Ды мæ кæцæй хъуамæ бамбарай, æз урок лæвæрдтон иуæндæсæм къласæн, дæумæ та ис æрмæст авд къласы ахуырдзинад! * * * — Дæ мады мæрдтыстæн, мæнæ ма дæ тых абар! — æмæ бæлццонмæ йæ къух бадаргъ кодта Æнхъæл. — Нæ мæ ’вдæлы! — æмæ фæцæйцыд. — Цæй, иу абази макуыуал уæд! Ууыл дзурыс! — Цæй, уæд та, кæд æндæр гæнæн нал ис, уæд, — æр- балхъывта йæ. — А-а, цъус у, иу хатт ма! — Æнхъæл, а-мæнæ дын иу сом æмæ мæ ныууадз! Иу лæппу йæ уарзон чызгæн хъаст кодта: — Уырыссагау дзургæйæ, дзырдтæн сæ кæрон аразын нæ зонын. Уæд ын чызг загъта: — Æмæ ды та кæрон цæмæн зоныс?!. Иу ахуыргонд ирон нын æндæр æвзагыл дзургæйæ йæ хъуыды амцæф-уымцæфæй бамбарын кодта, зæгъгæ, ирон æвзаг у рагон, рæсугъд, хъæздыг æвзаг æмæ йæ хъæуы лæмбынæг ахуыр кæнын. * * * Ингæны былмæ бацæуæг фыссæг йæхицæн ныфсытæ æвæрдта, мæ фидæн, дам, нырма разæй ис. ÆХХУЫСЫ КЪУХ Дæди йæ цæрæнбонты колхозы куысты фæдыл йæ къух уазал доны-дæр никуы атылдта æмæ ныр йæхиуыл æр- 290
худт: «чысыл æм истæмæй куы фæкæсин», загъта, æмæ колхозы кассæмæ пенси исынмæ йæ къух бадаргъ кодта. «БИНОНТЫ ХЪÆЛÆБА» «Бинонты хъæлæба», афтæ хуыйны спектакль, хорз æй хонынц, æппæлынц дзы. Æз æм никуы фæцæуын, мæ сы- хаг æй йæ усимæ хæдзары хуыздæр сæвæрдта. ÆРБАЗДÆХТЫСТЫ Фауддзаг продукци фæстæмæ сæ «ныййарæг» заводмæ куы æрбаздæхтысты, уæд дзы тынг рахъаст кодтой: «Йæ хъæбултæ куы стæм, уæд нын «æгас цыт» цæуылнæ загъ- та? СЫГЪДÆГ У Хæтаг чызг алыгъуызон ахорæнтæй йæ цæсгом байсæр- ста æмæ æппæлыд: мæ цæсгом, дам, сыгъдæг у. ÆППÆЛОЙ Лæг йæ усы цæстмæ æппæлыд: — Иу чызг мын ныфс дæтты, ракур мæ æмæ, зæгъ, дæ æз хæрзæхсад, хæрзитуйæ æрвитдзынæн. Ус йæ мидбылты бахудт: — Тæригъæд дын кæнын дæ къуыдипп сæрæн, иу сайд: дын æгъгъæд нæма у? ЦИН . . «Къæлуайæ фыркъа рæзы»! — фæхъæр кодтой Цхинва- лы агуирисудзæн заводты директортæ, сæ уагъд агуирй- тæй арæзт хæдзæрттæм кæсгæйæ.
САХАТ Сынтæджы сæрмæ ауыгъд уыд уæззау сахат. Уый ра- хаудта, чысыл ма æмæ лæджы сæр ныппырх уыдаид, фæлæ уæдмæ лæг йæ уатæй стын бафæрæзта. Фыдбылызæй фер- вæзæг, йæ усæн цингæнгæ радзырдта сахаты хабар. — Хъыгагæн, махæн нæ сахат æрвылхатт дæр фæсти- йæ зайы, — бахъынцъым кодта,,ус. ЛÆГ ÆМÆ УС Ссис аходæнафон, ахызт сихорафонæй дæр, фæлæ хуы- монмæ йæ ус нæ аходæн хаста, нæ сихор. Ус æнæмæтæй бадт, лæг дзы бынтондæр байрох. Хуымон æххормагæй нал фæрæзта, æмæ куы хурмæ скæсы, куы фæндагмæ, ома, сихордзау никуыцæй-ма зыны. Æрæджиау, æрæджиау фæзынд.ус сихоримæ. Мæстæйдзаг лæг райдыдта усмæ хæцын. ^ — Ацы аевзæримæ мæ. хъиутæ бахордтон, афтæмæйба- зæронд дæн! ’’ ’ ’ ч —^Æз дзы лæг дзæбæх батыдтон æмæ дæуæн нæ зо- нын, — бафиппайдта ус. ФУТБОЛЫ Иу лæг йæ цæрæнбонты фыццаг хатт бацыд футболмæ, уымæ диссаг каст, утæппæт лæппутæ иу пуртийыл сæхи 292
куыд хордтой æмæ дисгæнгæйæ йæ фарсмæ бадæгмæ ба- дзырдта: , .. — Сывæллæттæ ма сты, иу пуртийыл сын сæхи цы хæ- рын кæнынц! Фæйнæ-фæйнæ пуртийы сæм радт æмæ хъа- зой! ЛÆГ ÆМÆ ÆНГУЗ Иу лæг æнгуз ссардта æмæ хуыцаумæ скуывта: — Хуыцау, ацы æнгузау мын мæ хæдзар байдзаг кæн, — йæхæдæг æнгуз асаста æмæ афтид. Лæг фæтарст, райдыдта лæгъстæгæнгæ кувын: — Хуыцау, куыдзы рæйд дæм ма фехъуысæд! ЗОНГÆ ЛÆППУ Æрæджы дæр ма стыр бынæтты чи куыста, иу ахæм? лæг футболмæ каст. Уалынмæ кулдуар чи хъахъхъæдта,. уыцы лæппумæ нымдзаст,-куыддæр ыл фæдызæрдыг. — Уый уæртæ Алыксандры фырт нæу? — дисгæнгæйæ- афарста йæ фарсмæ бадæджы. — Уый у. — Цыбыр дзуапп радта сыхаг. — Акæс-ма, йæ фыдау та ай дæр куыд зыгъуыммæ ра- цыд, адæм сæ уд- хъарынц, цæмæй пурти кулдуары бакæ- ной, ай та йыл йæхи ныффæртт кæны æмæ сын æй авд хохæй ахизын кæны!.. АФТÆ ’НХЪÆЛЫ : Къоборы алчи дæр зоны, йæхæдæг дæр бирæ кæйдæр- ты зоны. Стæй йын æмбæлгæ дæр кæны, фæлæ йæ туджы нæ фæфидар кинотæм, театртæм цæуын, афтæмæй базæронд.. Иухатт æй сайгæ ’мхасæнтæй чидæр театрмæ акодта. Къо- бор бадт ложæйы æмæ йыл дис бафтыдис. Советон хица- уады ма ацы чысыл зæххыл куыд баззадис æлдæрттæ^ æмæ* помещиктæ. Кæсы æмæ «æлдар» нæмы зæхкусæджы. Къо- борæн йæ маст рафыхт, ливор сласта. Уыцы рæстæджы «æлдар» мæгуыр лæджы фæуагъта æмæ, архайдмæ гæсгæ хæстæг æрбацыд, Къобор цы ложæйы бадт, уырдæм. Къо- бор актермæ æдзынæг ныккаст æмæ, цыма, стыр тохы фæуæлахиз, уыйау цингæнгæйæ «æлдармæ» бахъæр код- та: 293;
— Гъы гæмми рувас, ды афтæ æнхъæлдтай ничи дæ ба- зондзæнис, æмæ ды Цæриаты Дæтти куы дæ! — стæй ных- худти. СÆХИЦÆН РÆГЪÆДТÆ, МАХÆН ТА... Хохæгтæ фыццаг хатт æрцардысты быдырон колхозы. Колхоз йæ цæхæрадоны цы джитъритæ æртыдта, уыдон уæрста колхозонтыл. Хохæгтæ, куыд ног æрцæуджытæ, скад сын кодтой æмæ сын джитъритæн сæ ногдзыдтæ рад- той, уыдон кастысты æмæ стæй сæхи нал баурæдтой. — Кæй æнхъæлут кæ, къуырматæ, уæхицæн рæгъæдтæ рахицæн кодтат æмæ махæн та цъæхты ракалдтат. «Карк дон куы баназы, уæд ма хуыцаумæ скæсы»,— фæзæгъы Цхинвалы ресторан «Ирыстон»-ы буфетгæс, йæ хицау дзы æхца куы фæкуры, уæд. ХÆДЗАРАРАЗÆГ Иу лæг хæдзар аразын сфæнд кодта. Баххуырста кусæг, бахæс ын кодта, цæмæй йын фундамент скъахтаид, йæхæ- дæг æхца агурæг ацыд. Фæзылд йæ зонгæтыл æмæ йын хæс ничи радта. Куы ’рбаздæхт, уæд кусæгæн рахъаст кодта. Кусæг йæ джиркъа аппæрста, йæ рыгтæ ацагъта: — Æмæ дæм кæд фундамент цæмæй скъахын кæнай, уый фаг æхца нæй, уæд дæ ноджы дардыл дæр ныззилын хъуыдис хæдзаруат къахын! — æмæ афардæг. * # * Иу фыссæг йæ роман рауагъдадмæ фæцæйхаста. Чи- ныгкæсæг ыл амбæлд æмæ йæ афарста: — Цы, дæм ис уый, цы хæссыс? — Ницы! — зæгъы фыссæг. Цымыдис чиныгкæсæг æй уæддæр асгæрста: —’Кæдæй-уæдæй дæ ацы хатт раст ныхас фехъуыс- тон!.. — стыр разыйæ сдзырдта чиныгкæсæг. 294
Студент библиотекæмæ бацыд æмæ æркуырдта Шекс- пиры. - Библиотекæйы кусæг ыл фæцъæхахст кодта: — Чингуытæ «алфавитыл» æвæрд сты æмæ-иу авторы ном зæгъут, авторы! ФЫРТÆМÆ ФЫД — Баба, химик дæ? — Нæ, мæ бон, хими цы у, уый зонгæ дæр куынæ кæнын. — Уæдæ сæн куыд аразыс? # * * Фермæйы хицаумæ колхозы дуцгæ хъуг дзуры: — Сыст æмæ æхсынчъы аргъау зоныс? — Зонын. — Æз æхсынкъæн æхсыр цæмæн радтон, уый дæр зо- ныс? — Зонын, кæрдæг дын радта æмæ, уымæн. — Уæдæ мæм стыр къæртаимæ дуцынмæ куы ’рба- цæйцæуыс, уæд дæ уый цæмæн рох кæны? % % * Уыд иу хионуарзаг.лæг, кæмфæнды куыстаид, йæ ал- фæмблай-иу æртымбыл кодта йæхиуæтты, 1æмæ-иу æй арв дæр æрцæвын нал уæндыд. Куы амард, уæд ын йæ дурыл ныффыстæуыд, ахæм эпитафи: «Стыр лæг уыд, уыдис æм бартæ, Æвæрдта хионтыл йæ арм. Лæвæрдта сын бынат цæстуарзгæ, Иæ бадæн — райдзаст æмæ хъарм. Æмæ та сæ, мыййаг, мæрдтæм дæр Куы фæкæна — цæстуарзон лæг. Цæй, афтæ фод, уæд æм æндæртæ Нæ кæндзысты фыдæх, хæлæг!» 295
* * * Устытæ мæрддзыгой рацыдысты. Сæ иу ма цæмæн- дæр фæстиат кодта æмæ йæм бадзырдтой: — Цы фæдæ, усай, цæмæн нæ фæстиат кæныс? Раз- мæл! Уæд йæ мой ракаст æмæ радзырдта: — Ныххатыр ын кæнут, махон уыцы хъæуы мæрд- дзыгой рагæй нал уыдис æмæ йæ картæйы агуры. — Ацы сæнуæйгæнджытæ!.. Æрдæг мæ фæкодтой! — йæхимидæг хъуыр-хъуыр кæны леуахи. * * * Мардхæссæгæн æндæр, раивон дæ, зæгъгæ, загъта. — Уæззау нæу, — дзуапп ын радта уый. Марды хицау æй фехъуыста æмæ афтæ бакодта: — Уæдæ ма йæ дæ хæдзарæй рахæссиккой! Фыд йæ фыртимæ бацыд киномæ. Фильмы лæг нæмы йæ усы. Сывæллон скуыдта: — Макæ баба!
Дыууæйæ ныхас кæнынц/ Сæ иу иннæмæн дзуры: — Хицауы гæххæттæн базонæн ис йæ мыхуырæй, æв- зонг бæхы — йæ дæндæгтæй, лæджы—йæ дзыхыныхасæй„ æмæ уæд дæуæн та цæмæй ис базонæн? Уæдмæ Бæтти уым февзæрд æмæ сæм бадзырдта: — Уый та йæ сыкъатæй!.. * * * — Алыхатт-алыхатт де склад куы басудзы, уæд цьг хабар у? — фæрсы иу лæг иннæйы. Уæдмæ Сæтти уым февзæрд æмæ сæм бадзырдта: — Кæннод дзы йæхи сæр сыгъди!.. * * * — Æдзух, цы бахордтай æмæ цы банызтай, уый кой’ куы фæкæныс!—иу лæг уайдзæф кодта йæ ног зонгæйæн. Уæдмæ Бæтти уым февзæрд æмæ йæм бадзырдта: — Ма йæм хæц, уый фæнды, цæмæй ды дæр базонай, йæ сæрымагъзæй йæ уæцъæф стырдæр кИй у, уый. * * * Зæронд лæг йæ фыртЫфæдзæхста: — Намысджын лæг дыууæ хицауæн нæ лæггад кæны.. Уæдмæ Сæтти уым февзæрд ’аемæ йæм^бадзырдта: 297
’ — Уыцы фæдзæхст дæ фыртмæ н*е хауы: уый лæггад кæны æртæ хицауæн. * * * — Фесæфтай нæ, ды куынæ уыдаис, уæд нæ ничи ба- зыдтаид, — иу халтурæгæнæг хæцыд йе ’мбалмæ. Уæдмæ Бæтти уым февзæрд æмæ йæмхбадзырдта: — Уæхи аххос нæ уыд, цъус ын лæвæрдтат, æмæ бæн- дæн кæм лыстæгдæр вæййы, ууылты аскъуыйы. * * * Иу лæг ахæстонмæ бацыд йæ фырты бæрæг кæнынмæ: — Æдзух дын уый дзырдтон, ма тагъд кæн, сындæг ду!.. Ныр ам бад!.. Уæдмæ Сæтти уым февзæрд æмæ йæм бадзырдта: — Сындæг куы цыдаид, уæд ацы бынатмæ кæд æрхæццæ уыдаид? * * * — Иуæй-иу лæг арсы куы фæуыны, уæд ма йын йæ фæд та цæмæн фæагуры? — фæрсы иу иннæйы. , Раст уыцы рæстæджы Бæтти уым февзæрд æмæ сæм бадзырдта: —-Стыр æви йын чысыл дзæмбытæ ис, уый базоныны тыххæй. * * * — Бирæгъæн æмбисæндтæ куы хастой, афтæ ма кæн, зæгъгæ, уыцы рæстджы «мехъ» куы фæцыд, уæд ма йæ дæмæн ауагътой? — фæрсы иу лæг иннæйы. Раст уыцы рæстæджы Сæтти уым февзæрд æмæ сæм бадзырдта: — Цæмæй-ма сын сæ физонæггаджы хай æрхастаид. , * * * — Сæгъ къæдзæхы сæрæй уырдыгмæ бирæгъыл куы тсудтис, «дзагъырдзаст, æнаккаг, тугдзых»-æй куы х^ыдта, •298 •
уæд дзы цымæ æцæг нал тарстис? — фæрсы иу иннæйы. Раст уыцы рæстæджы Сæтти сæ цуры февзæрд æмæ сæм бадзырдта: — Тæрсгæ та куыднæ, фæлæ сæгъ афтæ фенхъæлдта зæхмæ никуыуал æрхиздзынæн. * * * — Куыдз хосыл куы хуыссыд æмæ йæ куынæ йæхæдæг хордта, куынæ йæ хъугæн лæвæрдта, уæд цæмæн афтæ кодта? — фæрсы иу иннæйы. Уæдмæ Бæтти сæ цуры февзæрд æмæ сæм бадзырдта: — Хъуг хос куы бахордтаид, уæд ма куыдз та цæуыл хуыссыдаид? * * * — Кæд уæрыччы фыдæй физонæг уарзыс, уæд сæм зи- лын дæр уарз, зилын, — дзырдта фыд йæ фыртæн. Уæдмæ Сæтти уым февзæрд æмæ йæм бадзырдта: — Æмæ сæм куы зилы, æрмæст уæхстыл! * * * — Цымæ, зылын къæцæлы дон дард цæуылнæ ласы? — фæрсы иу лæг иннæйы. Уæдмæ Бæтти уым февзæрд æмæ йæм бадзырдта: — Дæхæдæг æй хуыздæр зондзынæ, дæу ивылд дон дæ бынатæй æггуырсын дæр куынæма фæкодта! * * * — Æхсæв дæ уæныг кодтон, бон та — гал, æнхъæлдтон, слæг уыдзынæ æмæ царды дæ бынат ссардзынæ, — ахæс- тонмæ бахауæг фыртмæ хæцыд йæ фыд. Уæдмæ Сæтти сæ цуры февзæрд æмæ сæм бадзырдта: — Мауал æм хæц, æппынфæстаг дын йæ бынат ссардта! * # * — Уыцы лæг тæразау раст у, — ныхас кодтой дыууæ лæджы иу тæрхоны лæджы тыххæй. 299
Уæдмæ Бæтти сæ цуры февзæрд æмæ сæм бадзырдта: — Афтæ у! Æрмæст, тæразæн иуæрдыгæй æхца куы вæййы æвæрд æмæ иннæ ’рдыгæй та аххосджыны хъуыд- даг, уæд. * * * — Де ’мдзæвгæтæ мæм афтæ кæсынц, цыма, ды нæ, фæ- лæ сæ робот фыссы, æппын дæ нæ фæнды иухатт дзы иу æмдзæвгæ йæ фæндаг дæ зæрдæйыл ракæна? — крйтик хæ- цыд йæ зонгæ поэтмæ. Уæдмæ Сæтти уым февзæрд æмæ йæм бадзырдта: —^Дæуæй йæхи тынгдæр фæнды, фæлæ йе ’мдзæвгæтæ куырмæй гуырынц æмæ зæрдæмæ фæндаг не ссарынц! * * * — Уыцы лæг куы ’рхаудта, уæд йæ сæры магъз фен- къуыст, — катайгæнгæ ныхас кæнынц дыууæйæ. Уæдмæ Бæтти сæ цуры февзæрд æмæ сæм бадзырдта: — Лæгмæ цынæ уа, уый кой-иу ма кæнут!.. — Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы æмæ ныууадз дæ митæ, — фæдзæхста иу лæг йе ’мбалы. Уæдмæ Сæтти сæ цуры февзæрд æмæ сæм бадзырдта: — Хорз лæг, ма йæ фæдзæхс, уый дæ хицаумæ нæ кусы!..' * * * —’Мæ хæлæрттæй нал фæразын, æдзух мын мæ дзып- пмæ кæсынц, — иу базаргæнæг хъаст кодтайе 4мбалæн. Уæдмæ Бæтти йæ цуры фёвзæр’д æмæ йæм бадзырдта: — Сынт’холыМæ ’фæтæхы... * * * * Иу гæртамхорыл хъахъхъæнæг ахæстоны уæззау дуар рахгæдта æмæ йæм иннæ бадзырдта: 300
— Дуарыл æххæст дыккаг гуыдыр дæр сæвæр. — Уый ма та цæмæн? Уæдмæ Сæтти сæ цуры февзæрд æмæ сæ афæдзæхста: — Фидары мад, дам, нæ куыдта. * * * — Цымæ, куыдз бирæгъы йæ быны куы скодта æмæ йæ куынæ æргæвдын уыд йæ бон, куынæ йæ ауадзын уæндыд, уæд æй цы нæ уагъта, йæ бынаты цæуылнæ бадти? — фæр- сы иу иннæйы. Уæдмæ Бæтти сæ цуры февзæрд æмæ сæм бадзырдта: — Куыдз афтæ ’нхъæлдта, сымах дæр йе ’вварс рахæц- дзыстут. * * * ,— Цымæ кард галы куы бастыгъта, уæд ма йæ къæдзи- лыл цæмæн асаст? — фæрсы иу лæг иннæйы. Уæдмæ Сæтти сæ цуры февзæрд æмæ сæм бадзырдта: — Цæмæй дзы æндæр галы мауал бастыгътаиккат... , * * * — Нырмæ цæст æнхъæл дæр нæ уыдтæ, ныр та мын„«æр- фыг, æрфыг» кæныс, — уайдзæф кодта хицау йæ кусæгæн. Уæдмæ, Сæтти фæзынд æмæ йæм бадзырдта: — Уый аххос нæу, куырд куырдыл ахуыр кæны! Уыдон , æддейæ ма ды сæр дæр куы ракуырдтай дæ хицауæй! * * * — Кад æмæ лæджыгъæд зæххыл сты, æргуыбыр сæм кæн æмæ сæ сис, — дзырдта фыд йе схъæластæу фыртæн. Уæдмæ Бæтти уым февзæрд æмæ йæм.бадзырдта: — Сæ хицау сæ сисдзæнис, уыдон уымæй не ’рхаудтой! * * * — Дæхи зондæй цæр, искæй къæхты хъæрмæ ма каф, — фæдзæхста иу лаеп иннæйы. 301.:
Уæдмæ Сæтти сæ цуры февзæрд æмæ сæм бадзырдта: — Музыкæ йын куынæ уа, уæд та цы бакæна? Ныхас кæнынц дыууæ лæджы: — Цымæ, хæрæгæн йæ хъустæ цæмæн ныддаргъ сты? — Алыбон ног ныхас нæ хъусы æмæ уымæн. Уæдмæ Бæтти сæ цуры февзæрд æмæ сæм бадзырдта: — Ма йын æй фидис кæнут, æндæра уæ бафæзмдзæн æмæ сымахау искæй фæсдуарыл хъусæвæрдæй бахус уы- дзæн! * * * — Цымæ æвзæр æдзух йæхицæй цæвиттон цæмæн фæ- хæссы? — фæрсы иу лæг иннæйы. Уæдмæ Сæтти сæ цуры февзæрд æмæ сæм бадзырдта: — Иæ фырзивæгæй! Дардмæ цæуын нæ уарзы... * * * — Дæхи хиз æвзæр митæй, адæм лæгæн йæ рафæлдисæг дæр сты æмæ йæ ном æвæрæг дæр, — фæдзæхста зæронд лæг йæ фырты. ’ Уæдмæ Бæтти сæ цуры февзæрд æмæ йæм бадзырдта:. — Уымæй йын ма тæрс: иу номы ’вджид дын нæ баззад: гæртамхор, бюрократ, подхалим!.. — Цымæ йæ бæхыл йæ бон кæмæн нæ цыд, уый ма йын йæ саргъы та цæмæн надта? — фæрсы иу лæг иннæйы. Уæдмæ Сæтти сæ цуры февзæрд æмæ сæм бадзырдта: — Нæмгæ йæ нæ кодта, йæ рыг ын цагъта! * * * , —Хисдæрæн йæ фындз асæрф æмæ,,йæ зондæй ба- фæрс! — фæдзæхста зæронд лæг йæ кæсдæры. .: 302
Уæдмæ Бæтти йæ цуры февзæрд æмæ йæ афарста: — Иæхионæй, æви дæ фындзсæрфæнæй? — Куыстмæ нæма бацæуыс, афтæ дзы хъаст кæнын рай- дайыс, уанцон нæу, дæ бынат æрхъарм кæн! — хæцыд иу лæг йæ кæсдæрмæ. Уæдмæ Сæтти сæ цуры февзæрд æмæ йæм бадзырдта: — Уый аххос нæу, цуанон цы ком нæ басгары, уым сырдджын æнхъæлы. — Лæппуйæ цы байтауай, уый зæрондæй æркæрддзы- нæ, — фæдзæхста зæронд лæг йæ фырты фырты. Уæдмæ Бæтти уым февзæрд æмæ йæм бадзырдта: — Иæ кæрдинаг ын æгæр ма адард кæн, æндæра ницы- уал байтаудзæнис. КУЫДЗ ÆМÆ АФОН (Æмбисонд) Дымгæ бирæгъау нынниуы, Куыдз та уынджы джиуы, Бакъуырма ис, нал тæфст, Миты сæрыл баргъæвст. Райхъал та стьг куыдзмæ ивгъуыд азы фæндтæ., «Мæ фæрстæ атоной, — зæгъы, — мæ фæрстæ! Сæрддæргъы цы бадтæн, Цæмæн-фæлмæцын? — Иæхимæ æркаст: — Чысыл дæн æмæ Хуыссæн не скодтон мæхицæн. Фæлæу, кæд ма æрцæуа сæрд, Уæд афтæ фæуæд!..» Хъуыдытæ дзы Нал кодтой хицæн... ...Зымæг ацыд, уалдзæг, сæрд æрцыд... Хидымидæг куыдз мæцы. Аууоны та уæртæ даргъкъахæй хуыссы, Иæ сым-сым цыд, зов
Ыстæй райхъал, Иæхимæ æркаст Æмæ фæтарст: «Цæй даргъ ныддæн уый!.. Ахæм ыстыр хуыссæн куыд саразон, и?» — Загъта Æмæ та йæ сæр æруагъта. * * * Афтæ иуæй-иу дæр махæй Абоны куыстагыл соммæ Барæй ахæцы йæ къахæй.
#>* ]тёом/ш ниææсгш, ДÆЛГОММÆ НЫХÆСТÆ Бухгалтер ревизоры раз тасыд. Æвæццæгæн, дзы тас уыд. Йæ бынатæй фæбырыд хицау, æмæ йæм диссаг фæкаст хи цау. Иу чидæр марди цинæй: æппæлыд алкæмæн йæ чинæй. * * * Дзырдта: цалынмæ буфеты нæ райдыдтой кусын, уыд- мæ-иу мæ мæ рихи хордта. Ныр парахатæй нуæзта æмæ хордта. Магазин фæхастой, уыд цар æфтыд, фæлæ магазингæс нæ фæцис царæфтыд. 20. Харебаты Л. 305
* * * Редактор ахорæнтæй хъаст кодта, мæ газет, дам, фæ- лурсæй цæуы. РАРДТÆ Цæли рауагъта 16 чиныджы. Чиныгкæсджытæ та йын уыд 12. Уыдон дæр сты йæ хионтæ, йæ зонгæтæ. Цал чиныгкæсæг цух ма у Цæли, цæмæй алы чиныгæн дæр уа иу кæсæг? * * * Æнæниз адæймаджы пульсы цæф минуты мидæг у 75 хатты. Уæйгæнæгмæ ревизор куы фæзынд, уæд ын схызтис 85-мæ. Цы аххос уыд пульсæн ахæм æнæнормалон куыст? * * * Хæтийыл цæуы 45 азы. 30-аздзыдæй фæстæмæ æрвыл- дыууæ азы фæцард æндæр æмæ æндæр горæтты, алы горæ- ты дæр-иу бацард ног усимæ. Цал усы аивта Цæли? * * * Магазинмæ æрбаластæуыд зынаргъ товартæ, адæм дзы нæ балхæдтой æмæ дзы уæййаг дæр нал уыд. Кæцы фæндагыл ацыдысты товартæ? * * * Союзтрансыл ис 19 лæджы бынат. Шофер ма йыл стан- цæй ахизгæйæ сæвæрдта 28 адæймаджы уæлдай. Алы бæлццоны ’ккой ма шофер цал лæджы сæвæрдта? 306
* * * Боцкъайы уыдис 300 литры сæн, уæйгæнæг та дзы ауæй" кодта 356 литры. Цал литры фæхæццæ Леуахийæ сæцыл? * * * Иу лæг, стыр бынаты чи кусы, ахæм, кабинетмæ бахызт. Дыууæйæ йын сæ бынæттæ лæвæрдтой, æртæйæ та йын салам кæнгæйæ къæхтыбынмæ къæлæттау æртасыдысты. Цал подхалимы бадтис кабинеты? * * * Иу лæгæн горсовет 600 кв. :мётры зæххы фадыг рахицæн кодта. Уый дзы алы 200 кв. метрыл чысыл тогонатæ авæрд- та æмæ сæ 6000 сомтыл ауæй кодта. Дыууæ мин сомæй. зæхх радтыны йын чи баххуыс кодта, уыдон фæхуыдта. Цал мин сомы ма йын баззад йæхицæн пайда? * * * Мад æмæ фыд схъомыл кодтой æртæ лæппу æмæ дыууæ чызджы. Ныййарджытæ кæсинаг куы фесты, уæд сæ сæ зæнæг хъуыды дæр нал æркодтой. Цал чызг æмæ лæппуйы ис мад æмæ фыдæн? * * * Цæлийæн йæ чиныг рацыд иу мин экземплярæй, фондз дзы ауæй, уыдонæй дæр иу йæхицæн балхæдта, цыппар та дзы лæварæн. Иннæтæ магазинты фæлæзæрдысты æмæ сæ. стæй гæххæтт аразæн фабрикæмæ арвыстой. Цал экземплярæй хъуыди рауадзынахæм чиныг? АХУД ÆМÆ АХЪУЫДЫ КÆН Иры иууыл стырдæр патриот кæй хонæм, знрн уый сы- вæллоныл тынг фæцин ’кодтон: иронау цъæррæмыхстытæй зыдта! ’ ’ :'; -" '-' ^: / ’ ’ ’ ; '> '"; /'/' - 307'
* * * Хъаз кляузникты тасæй уынгмæ ракæсын нал уæндыд. Мæ систæ, дам, мын ныттонынц! ÆЛХЫСЧЪЫТÆ Хатт дохтыр рæдийын дæр зоны: хицауæн зæрдæнæуыд, афтæмæй йæм зæрдæйы низ хуыдта. * * * Уый нозта нозт æмæ йæ банызта нозт. * * * Уый фæсдуæрттæй хъусыныл йæ бонтæ куынæ фесæф- таид, уæд афтæ къæрцхъусæй стыр ахуыргонд суыдаид. Уый никуы раппæлыд йæхицæй, уыцы «зындзинад» сæ- химæ айстой йæ подхалимтæ. Сæрвасæн аразджытæ, модæтæ чи мысы, уымæн ныл- лæгъстæ кодтой: — Дæ хуыцаумæ скæс, ахæм модæ æрымыс æмæ та сти- лягæтæ сæ сæртæ фасын райдайой, нæ сæрвасæнтæ нал уæй кæнынц. * * * — Мæ фыдгул адæмы дзыхмæ фæкæсæд, —базырджын дзырд у, дæндаг-аразæгмæ нæ хауы, уыдон фылдæр къухмæ фæкæсынц. 308
* * * — Формæйы нæй, — идиомæ у, — расыг милиционермæ нæ хауы. КОММЕНТАРИТÆ МА СÆ ХЪУЫД... * * * Критиктæроманыл цин кæныныл фесты æмæ сæ рецен- зи ныффыссын ферох. * * * Чиныг афтæ бæзджын уыд æмæ йæм йæ ныфс бакæсын- мæ ничи хаста, афтæмæй дзы æппæлыдысты. * * * Куыстыл йæ зæрдæ афтæ тынг сыгъд æмæ йæ улæфынмæ ацæугæйæ дæр фæстæмæ æрыздæхын нал фæндыд, æвзæ- рæй, дам, æй куы ныййафон. * 4 * — Мæ усæн хорз цард сарæзтон, ахæстоны цыппар къу* лы ’хсæн бадгæйæ, — æппæлыд иу чидæр. НОГ ÆМБИСÆНДТÆ - - Сылгоймаджы æфхæрын «бутилкæ» къаба дæр зо ны! - - зæгъы Хъылцъыхъо. * * * - Дæ зынаргъ сæры къоппа, дæ фыццаг сорткъæхтæ! — зæр )нд галæн цæстмæхъус ныхас кодта дзидзауæйгæнæг. 309
* * * — Мæ зынаргъ чиныгкæсджытæ!.. — фыста иу «зынгæ» фыссæг йæ чиныджы редактор æмæ корректормæ. * * * — Мæ хæдзардарджытæ! — уæйгæнæг фæдзуры æлхæн- джытæй. — Чи ма сæ райхъал кæндзæнис! — бакатай кодта театры директор спектаклы фæуды фæстæ театрдзаутæм кæсгæйæ. * * * —Дæ бон дыууын цыппар сахаты фынæй кæнын уыдзæ- нис? — ног кусæджы исгæйæ фарста зынгхуыссынгæнæг командæйы хисдæр æрбацæуæджы. * * * Колхозы фермæйы карчы къубалыл кардсæвæрæг кæрк- гæсмæ карк сдзырдта: . — Мах мыггаг дон дæр никуы баназы хуыцаумæ æнæ- скæсгæйæ... * * * Бухгалтер æмæ авфтауцдоны гæс, ахæстоны кæрæдзи- йыл фембæлгæйæ, сæ кæрæдзийыл баузæлыдысты: — Бæргæ æвзæр нæ куыстам, фæлæ... * * * Ревизийы фæстæ иу чидæр æппæлыд: — Æз цы куыдзы баныгæнон, уый ничи ссардзæн... 310
САТИРИКОН ДЗЫРДУАТ @ Цæсгом — намыс бæрæггæнæн, иуæй-иутæ йæ, хæргæ дæр кæнынц. @ Бандон — сывæллон дзы куы рахауы, уæд йæ сæр ныццæвы, ас адæймаг та — йæ авторитет. © Сæрымагъз — бирæйæн дзы йæхи фаг дæр нæй, дзи- дзауæйгæнæг ма дзы уæй дæр кæны. ф Дæлфадихсыд бадæн — усгуры зарæджы дзырдтæ сты, ныр æй арæх фехъусдзынæ, хицаумæ цæугæйæ чысыл хъуыддаг кæй вæййы, уымæй дæр. @ Метр — математикон æгъдауæй чи сбæлвырд, ахæм даргъ барæн, ис-дзы сæдæ сантиметры. Пайда дзы кæнынц уæйгæнджытæ дæр, æрмæст уыдонмæ уыйас нæу. ф Цæстмæхъус ныхас — ацы дыууæ дзырдыл ма хæрз æрæджы дæр хахуыр кодтой: фыдбылыз, дам, хæссынц. Ныр уыцы цæстæнгас бюрократтæ аиуварс кодтой. © Пурти — хæрынæн нæ бæззы, афтæмæй йыл футбо- листтæ сæ кæрæдзи бахæрынц. ф Фæткъуы — тымбыл, сырхфарс, къæхтæ йыл нæй, афтæмæй цынæ горæты смидæг вæййы. @ Театр — хатт удæгасæй мард пьесæты чи раудæгас кæны, ахæм æрмадз. ф Къуьйиæл — стыр горæтты йæ уæй кæнынц, боцкъа- тæй, махмæ кърантæй æнæаргъæй цæуы. ® Сатирæ — хæрынæн нæ бæззы, бюрократ дзы йæ сæфт уыны. ® Гæртам — дыргъы мыггаг, хæрынæн ысбæззы лæ- джы цæсгомы царм куы сбæзджын вæййы, уæд. ф Стилягæ — низы хатт у, кæуыл бахæцы, уымæн йæ астæу нал фæтасы. зи
© Загс — клуб. Нырыккон чызджыты æмæ лæппуты хиирхæфсæн бынат. © Уарзондзинад — дыргъы мыггаг, ныры фæсивæды къу* хы тагъд æмбийы. ф Цилиндр — зынаргъ худ, арæх ын фенæн ис æртæ капеччы аргъ сæрыл. @ Такси — æнæнкъуысгæ транспорт, æрмæст дзы зæрдæ сæнкъуысы æддæмæ хизгæ-хизын. © Къæбæр сайæн — æвзагæй фæзæгъынц, гæртамхорты уый сæр нал хъæуы. @ Дымыстæр — професси у, æнæрагъыстæг лæджы йет- тæмæ йыл ничи цайдагъ кæны. © Арвы дуар — бюрократы кабинет, гомæй йæ иикуы фендзынæ. © Дам-дум — хæринаджы хуыз, иуæй-иуæи дзы баф- сис нæй. © Гипнотизер — лектор, хуыссæг дæм нæ цæудзæни, афтæмæй дæ афынæй кæндзæни. @ Бæгæны — нуазинаг, уæйгæнæгæн йæ дон марг у, йæ фынк сой. ЦÆРÆГОЙТЫ ХЪАСТ © Арс: Бюрократы, æнæмæты, бынхоры арс цæмæн фæ- хонут, æз уын исты фидиссаг дæн? ® Бирæгъ: Чъыр, цемент, дур, змис, шифер, ссад, дза- быртæ, фатертæ æмæ æндæр ахæмтæй йæхи чи сцæрæгкод- та, уымæй, бирæгъ у, цæмæн фæзæгъут, æз уын, мыййаг, ахæмтæ хæрын? © Рувас: Гæртамхорыл мын мæ ном цæмæн æвæрут? Æз’ дæр уарзын карчы фыд, фæлæ йæ мæнæн дæтгæ куы ннчи ракæны? 312
ф Хуы: Расыгæй уæйæхицъыфы чи сæвдулы, уый хуы ма хонут! /Ез цы дæн, уый дæн, фæлæ расыг никуы вæй- йын! Ф Калм: Дывзагон дæн, фæлæ, иуæй-иутау, хъæстæ нæу ме ’взаг, мæ кой ма кæнут! © Куыдз: Цал дзæгъæлдзыхы уæм ис, уыдопæн мæ но- мæй цы фидис кæнут, мигъмæ, дам, ма рæй! Намæ уæ фæс-. вæд чи фефхæры, уымæй афтæ цæмæн фæзæгъут, куыдзау, дам, сусæгæй хæцы? Æз дын мæ сæрмæ ахæмтæ хæссын? @ Мыстулæг: Нæ, æз кæйдæртау уысмæн ивд нæ кæнын мæ хуыз, подхалим нæ дæн! © Хæрæг: Зарын уæм чи нæ зоны, уымæн афтæ цæмæн фæдзурут «хæрæгау, дам, ма уас!» «Неужели», мæ зард дæр та фидиссаг у?! ЦÆУЫЛ НÆЙ ÆУУÆНДÆН ^ * * * «...Фырцинæй фæрасыг дæн», — макуы дæ бауырнæд, — «Чермены цæссыгæй» йæхимæ чи нæ фæкæсы, уый расыг нæ кæны. * * * «...Мæ’дæндагыл дын цырагъ судздзынæн», — афтæ дын уый тыххæй дзуры, цæмæй дын талынджы, фынджы фарс- мæ бадгæйæ, дæ хай ахæра. * * * «...Мæ зæрдæ,дæ уарзтæй басыгъд», — йæ риуы цы зæр- дæ ис, уый кой дын нæ кæны, дысон магазинæй цы къам- бецы зæрдæ рахаста, уый йын зынджытыл басыгъд. 313
* * * «..,Мæ хуры хай, рæсугъд чызгай», —"исчи дын афтæ куы зара, уæд ын цалынмæ ком нæ радтай, уæдмæ-иу кæсæны акæс. * * * «...Дæ фендмæ мæ былтæ ’хсыдтон»,— дзæбæх æм ба- кæс, кæд ыл, æцæг, былтæ нал уа, уæд ыл баууæнд. ЛÆГ ЦЫНÆ ФЕХЪУСДЗÆН Бирæгъ марынмæ рахъавыдысты æмæ иу æфтауцдоны гæс йæ куыстæй алыгъд. * * * Адæм машинæйы нал цыдысты, шофыры дзыппы та — æхца. * * * Иуæй-иу спектаклмæ кæсгæйæ, хъуамæ уай хуыссæгæн фидар. * * * Цхинвалы абанама бацæугæйæ, хъуамæ фæразай тæв- дæн дæр æмæ уазалæн дæр. * * * Кæд дæ къæхтæ æмæ дæ къухтæ даргъ сты, уæд рады •амакуы балæуу, адæмы сæрты-иу бавнал. * * * * Де уæхсчытыл кæд авд лæджы хæссын дæ бон нæу, уæд Цхинвалæй автобусыл цæуынвæнд макуыдæм скæн. 314
* * * Исты ’лхæнгæйæ, дæхи афтæ дар, цыма куырм дæ æмæ дæ уæйгæнæг уарза. * * * Исты хъуыддад^кы тыххæй хисдæрмæ фондзыссæдз хат- ты куынæ бацæуай, уæд-иу уæгъды ма ’нхъæлмæ кæс.
Хылæмхиц мой йæ усæн: «Хорз, мæ хур, кæд дæ нæ фæнды, Цу, дæ фæндаг раст!» * * * Æфсонгæнæг йæ хицауыл æмбæлгæйæ: «Мардтæн мæ сæрæй, æрдæбон фæуадзыг дæн, Зилы ныр дæр ма...» * * * Æнæмæт сæрдар: «Фос цæуæт кæнын нæ уагъта, — Алæбон хæргæ!.. ^ ^ % Либерал хицауыл зарыдысты: «Зæрватыкк — æнæхъыг, æнæ маст — цæрæг!..» Гæртамдæдтæг æппæлыд: «Ныры рæстæджы хъазæн Æндæр у йæ кад...» * * * йодхалим йæ хицауы раз: «Уæ фыдæлты хорз кой 316
Мыггагмæ цæрæд! Куывдтæ-иу сын кодтой, Сæ бадæн дзæнæт!» * * * Æфтауцдоны гæсыл зарыдысты: «Диссаг — æвналынмæ, — Цас ын æнтысти!» * * * Авд усы чи ауагъта, уый зарыд: «Кæй барвитон курæг, Æфсæрм лæг кæм и?» Тыхмибакæнæг йæхи рæстытæ кодта: «Цæмæн-иу фæрасти мæ рæзты чызгай? Цæмæн-иу мæм бахудт...» * * * ^ Ног хицау тæрсын кодта йæ дæлдæры: «Мæ уындмæ мын ма кæс...» * * * Халтурæгæнджытæ зарыдысты: «Мах цард дæр æвзæр цард нæу!..» * * * Хъæуæй — горæтмæ, горæтæй — хъæумæ чи хæты, уый æппæлыд: «Ам зымæг куы вæййы, уæд Иу хъарм бæстæ зонын...» Ус нозтмæ кæсгæйæ: «Махон дзы йæ сæфт ссардта...» 317
* * * Хъуымызбыл кæсдæрæй фæзæгъынц: «Дзырды бар кæй уадзы, Кæй фæрсы фæндæй...» * * * Зæронд мад бæллыд: тæхуды мæ фырттæй куы фехъусин: «Нал ауадздзыстæм ныр дæу, Махимæ цæрдзынæ!..» * * * Подхалимтæ, рестораны сæ хицауы ауынгæйæ, уырдыг слæууыдысты: «Курæм дæ æмæ нæм лæуу». * * * Куы ам, куы уым чи цæры, уый йæ зонгæтæ фарстой: «...Цы бæстæ, цы хæхтæм Фæтæхыс уынæг?» * * * Искæмæ сусæгæй хъусын æмæ дам-думгæнæгæй дзырдтой: «Авд дæлзæххы бын дзынгатæ Сынæр куы фæцæгъдынц: Адæмæн сæ уæд фæдзуры.» Зæронд, сылваз лæг æвзонг чызджы фенгæйæ: «Мæ хуры чысыл, Куыд рæсугъд дæ, куы?» * * * Хистхортæ кæрæдзий-æн æппæлыдысты: * «Стыр фынг нæ разы æртасыд, йæ фырдзагæй: 318
Алы нуазинагæй, алы хæринагæй, Басæй, цæхдонæй!» Алименттæй йæхи чи тылиф кодта, уыцы лæгæн йе ’мкъай йæ сывæллæттæн æнкъардæй дзырдта: «Фондзæй уæ ныууагъта Иу ныййарæгæн!» Ахæстонæй ног рацæуæг лæппулæджы фарстæуыд: — Кæй фырт дæ? — Къолайы. — Кæм уыдтæ? — Ахæстоны, Æрвылхатт дæр дзы вæййын... * * * Бюрократ æхгæд кабинеты шахмæттæй куы фæхъазы, æд- дейæ та йæм адæм рады куы фæлæууынц: .'«Уый сын уæд сæхъæр нæ хъусы...» * * * Нозтдзу: — «Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ, Уæ сæрвæлтау мæ сæр.» * * * Ус йæ лæгæй: «Дысон та æрцыд кæцæйдæр бухъытæгæнгæ...» * * * Бюрократтæ кабинеты: «Рухс цæуы кæронæй бадынц ма кæмдæр> 319
* * * Паплойгæнджыты фæдзæхсы сæ хисдæр: «Багъæцут, фæуыдзæн алкæй дæр йæ фаг.» / * * * Стыр хицауы фырт дзуры милицийы хицауæй: «Æрдумæ нæ дары мæ фыдæлты кад...» Гæртамхор: «Уæ, цæргæс, Ма мæм кæс! Уæ, тæрхъус, Ма мæм хъус» Хæргæ та кæпын! * * * Халтурæгæнæджы ус «Хъарм, ф’æлмæн кæрц дары...» * * * Подхалим йæ хицауы «сойæ» куы байсæрста, уæд зарыд: — «Хур арæхдæр тавы...» Цхинвайлæгтæ зарыдысты: Мах хуызæн хистмæ нæ цæуынц æндæр рæтты...» * * * Дыргъисæн пунктты гæстæ ард хордтой: «Цæйут, æфсымæртау, 1 Радтæм нæ къухтæ...» 320
* * * Стилягамæ бæллыдысты: «Тæхуды, тæхуды Кæмæн ис дæ цард...» Фыдсыл чындзæй дзырдтой: «Гадза бирæгъ æнгом дзуджы, Быдыры дæр ныппырх кæны». Хылгæнаг файнустытæ: «Кæд кæрæдзийæн фаг нæ фæдзырдта • • • Пессимист: «Фесæф, фесæф, цард Сау лæппуимæ...» Хылуарзаг лæппу чызгæн: «Ныр дæу чи хæссы Уый йæ лæджы хъæд мемæ бавзарæд...» * * * Æнæмæт ветдохтыр: «Фосæн æз зымæг дæр Нал цæуын сæ фæд...» Хæтаг лæг чызгæн: «Уындæй дæ цуры, Дæ фæхъхъау фæуон, Кæмæй раппæлон...» Загъдгæнæг лæг йæ усæн: «Нал дæ кæндзынæн мæ уындæй тæрсын». 21. Харебаты Л.
ЭПИГРАММÆТÆ МÆРДДЗÆСТ Иæ зæрдæ йыл нæ цæуы хинæй, Ыстæй нæ уыдзæц уый бынтондæр. Иæ цуры уæ куы мæла исчи, Иæ дзыхмæ йын нæ ратдзæн дон дæр. САИÆГОЙ, ФÆЛИВÆГ / Нæ уыдзæн мард. Дзырдта: мæн, дам^ Хæйрæджы бон дæр нæу фæсайын. Куыд фæуыдаид удхæссæгæн сайды? Мæ зæрдæ йæм уæддæр æхсайы... ПОЭТЫ НОМÆЙ ХЙ ХЪАЛГÆНÆГ «Æз дæн поэт», — йæхи æстыдта Дам-думæй нæм ’рыхъуыст.,. Махæн циу: стихты мады зæрдæ Адæргæйæ сæнкъуыст. ЦАРДИППÆРД Хæдудæй цæрын уарзта бирæ, Удхæссæг уыдта дзыллæты. ...Барастыр æй зындонæн радта, Хæдуд цард, дам, нæй дзæнæты. ГОРÆТЫ ХИЦАУ Дæттын, дам, хионтæн фатертæ, — Ма кæн дам-дум,.уый у низау. : Ау, хæстæгджын фыды фырт дæк Æмæ горæтæн та — хицау! КЛЯУЗНИЧЫ МÆЛÆТЫЛ Фæцæуыс, нæ, мæгуыр дæ бон, Мах ма дæ лыгъдыстæм дард, Фæлæ кæй цур фæуай ныгæд, Уый кæдæм хæсдзæн йæ мард>
СКЕПТИК... Фæрсай йæ; «уый та дын куыд лæг у?» Иæ къух ыл ауигъы æдзух. Иæхи дын рахондзæнис гени, Уый та: зондæй, дам, у-цух! ЛИТЕРАТОР Фыссæджы номимæ æрбацыд, Стæй тæлмацырдæм фæци. Æхца парахатæй фæиста Æмæ йæ цармы дзаг ныцци. ЭПИТАФИ Уæллæй, мæрдтæм мæнг зæгъæн нæй, Фæцардтæ æнæ мæтæй, фæндæй! Дæ уд, дæ дзæцц сылы къух уыд, Нæ сæ уыдтæ бынтон æвыд, Æрвыстай усгурæй дæ цард Æмæ фæдзæгъæлзад дæ мард. ТОХЫ БЫДЫРÆИ РАЛИДЗÆГ... Усы кæрдæны йæ сæрмæ Не схаста, лæппутæ, лидзын, Къаба йыл уыдис æмæ йæ Бауадзут уæлдæр схизын! МИТÆИ МÆСГУЫТÆ АМАЙÆГ Диттутгæнаг горæтæй æртахти, — Ахуыр лæг дæн! — Бауасыди, — дитт-ут! Æмæ уынджы, кæртастæу æрбадти. Хицаудзинад бирæ уарзын, чи стут! Диссаг дæн сæрдары куыстмæ! — загъта Митæй сын стыр мæсгуытæ суагъта. Æмæ йæм сæрдары бандон бафтыд, Куыстæн та йæ а-б-етæ нæ хатыд. Сæрды мæйты: «дитт-ут» кодта, уасыд Стæй уæд хъызты, ихы сæрыл басыд. 323
УНИВЕРСАЛ Хъæлци æзнон уыдис «Белинский», Критикон уацтæ фыста. Ныр та фæзылд æмæ нын абон Иæхи рахуыдта Къоста. ЧИДÆР Бæрæг у: Музæ дзы фæхицæн Æмæ ма фыссы Иæ ус æмæ йæхицæн. ÆППÆЛОИ Æппæлыд алыран йæ усæй: Нырма, дам, мæ нæ сифтыгъта Мæ хъусæй... .ФЫРХÆРДГÆНÆГ Фынгыл зылд, сдæрдта æмæ хордта, Фæлæ сын ахсæны нæ уыд бынат, Куыдз-иу кæм федта, уым сæ омдта.
ФÆРДГУЫТÆ ф Хъуыдытæ. Хъуыдытæ хатт иуты сисынц кады бæр- зæндмæ, иннæйы та нывзилынц æгаддзинады æнæбын ком- мæ. ® Æз лæууын æмæ мæ цæст дарын мæлдзыгмæ. Уый, æрвылхатт куыд вæййы, афтæ та ныр дæр куыста уæхск- уæзæй, — йæхицæй авдахæм стырдæр уаргъ фæцæйæнтъых- та йæ цæрæнмæ. Фæдзæгъæл. Йæ уаргъ фæуагъта, раз- гъордта æмæ, кæрдæджы халтæй бæрзондæр кæцы уыд, ууыл -схылд æмæ афæлгæсыд. Диссаг. Уыцы кæрдæджы халæй æз сæдæ хатты бæрзонддæр куы дæн æмæ мæ фæн- даг куынæ уынын, уæд, мæлдзыг, уырдыгæй акæсгæйæ, йæ фæндаг куыд федта? © Мæлдзыг æрыфтауц кæны, хæрынæн æй цас хъæуы, уымæй авд хатты фылдæр хæлц. Куыд хорз уаид, алы адæй- . маг дæр æй куы фæзмид æмæ-иу бирæ нæ, фæлæ йæхи цæнг- ты тыхæй æрмæст йæ уды фаг хæлц уæддæр куы æрыфтауц кæнид. @ Хæрæг кæмдæр æппæлыд: æз дæр, зæгъ, культурæйы кусæг дæы, доли, дам, мæ цармæй арæзт у. ф Цъус чи дзуры, уымæн фылдæр сты йæ хъусджытæ. @ Насы тау афæдзмæ тулдзы цъуппæй каст æмæ æп- пæлыд, ды, зæгъ, цы ми кæныс? Тулдз æм сабыр, æгъдау куыд у, афтæ хъуыста æмæ йын иу хатт загъта: «Насы мыг- гагæй нæ фæдæн æмæ цы бакæнон». ф Хъустæ... Бирæйæн хъустæ канд йæ зæрдæйыл нæ, фæлæ йæ сæрыл дæр нæ вæнйы. 325
фАдæймаг, ахæм фарст макуы æвæр: «Адæм мæ хъуа- мæ се ’ппæт дæр уарзой», — фæлтау сæ дæхæдæг уарз. Хур адæймагæн царды хос у, фæлæ уый дæр æмхуызон уарз- тæй нæ уарзынц. ф Хъусын у курдиаты иу хай. Мæгуыр у — адæймаджы цин, тыхст, хъыг æмæ сагъæсмæ байхъусын кæй бон нæу. ф Рæсугъд дзырдтæй лæг æфсæдгæ нæ кæны, æрмæст ын йæ зæрдæйы ныфсы цырæгътæ судзынц лæджыгъæд- джын дзырдтæ. Макуы бахæлæг кæн дæ аив дзырд адæй- магæн. © Афтæ чи хъуЬщы кæны, зæгъгæ, ивгъуыд дугты æр- мæстдæр стыр фысджытæ гуырд, уыдон тынг рæдийынц. Гуыбындзæл поэттæ алкæд дæр гуырд, райгуырд æмæ рай- гуырдзæн. ф Адæймаг, кæддæриддæр хъуамæ тырнай бæрзоидмæ схизынмæ, æрмæст дæ ма ферох уæд иу хъуыддаг: ахæм бæрзæндмæ схиз, æмæ дзы куы рахауай, уæд ма дæ зæх- мæ исты куыд æрхæццæ уа. © Даргъкъахæй бадын, æгæрыстæмæн, пецы фарсмæ дæр нæ фидауы. © Искæйы афæрсынæй дыл ницы æрцæудзæн. Бафæрс- иу хисдæры, зæронд лæджы. Бæрзонд хохæй алцы дæр хуыздæр зыны. © Кус Æрмæст куыст у адæймаджы удыхъæд бæрзопд- гæнæг æмæ намысы мæсыг амайæг. ф Иæхи бирæ чи уарзы, уый зындзæрин у, æрмæст ал- кæмæн нæ, иутæ йын йæ миниуæг тагъд сахуыр кæнынц æмæ йын «ды цæрайæ» йæ уд бахæрынц. ф Ис адæймæгтæ, кæцытæ кадджын уой, зæгъгæ, уый сæраппонд аразынц æппæт дæр, фæлæ уæддæр фæстаг хатт царды баззайынц æгадæй. ф Лæг дардмæ каст æмæ йæ фындзы бын цытæ цыд, уыдон нæ уыдта. ф Поэзийы галуаны дуæрттæ йæ сæрæй чи хойы, уы- 326
мæн Музæ дуар никуы бакæндзæн. Поэзийы сыгъзæрин дуарæн йæ дæгъæл у уарзондзинад. ф Ис ахæм артисттæ, кæцытæ сценæйыл фæкæнынц æр- мæстдæр артисты митæ. ф Диссаг: æрдз адæймагæн йæ къухтæ хæрдмæ хъилæй цæуылнæ сфæлдыста! Æвæццæгæн, загъта: мæнæй лæгъс- тæтæй ницы фендзынæ, дæ амонд ис, дæ къухтæ чердæм сты, уым — зæххыл, æргуыбыр æм кæн æмæ йæ ссарай. © Хæдзары агъуыст куы тæдза, уæд уымæн ницы у, амал ын ис. Фæлæ адæймаджы агъуыст куы тæдза, уæд уый мардæрцыд у. "®Ис арæзтадтæ, кæцытæ арæзт æрцæуой,, дугты уад- тымыгътæн чи бафæраза, ахæм æрмæджытæй. Афтæ сты адæймаджы царды иуæй-иу фарстытæ дæр. Уыдон алыг кæнынæн та фæхъæуы куырыхон адæймæгтæ. Æмæ сты. Мæнæ æрдзы мидæг фидар æрмæджытæ куыд ис, афтæ. Æрмæст сæ агурын хъæуы. Агурын хъæуы адæймæгты ’хсæн хорз адæймаджы. © Къухдариуæг кæнын — уый дæр курдиат у. Амонд бирæ кæйдæрты сæвæрдта уыцы пьедесталыл, фæлæ-иу бæрзонд ран хурмæ æрдыдæгътæ сты, фæлвых хуычъыйау. © Ис адæймæгтæ, уыдон æдзух цæмæдæр тырнынц, фæлæ цæмæ, уый хатт сæхæдæг дæр нæ фембарынц, ахæм адæймæгтæ сæ нысанмæ никуы-ма фæхæццæ сты. @ Куыдз сусæгæй куы хæца, уæд ма уымæн ницы у, йæ ном уæддæр куыдз хуыйны, фæлæ адæймаг куы райдайы сусæгæй хæцын, уæд дзы хатт хи бахизæн дæр нæ вæййы. © Ис дыууæрдæм лæггад: иуты бандон срæсугъд кæны, иннæтæ та сæхæдæг срæсугъд кæнынц бандоны. @ Фæнды дæ фæуæлахиз уай — адæммæ дзур сæхи ’вза- гыл. ф Фæнды дæ царды ад бæнкъарай — макуы бæлл æвæл- мон цардмæ. ф Булæмæргъ кæм зара, уым цæргæсы хситт дæр хъæ- уы. 327
@ Мæлынæй тæрсын нæ хъæуы. Тæрсг цæмæй удæгасæй мард ма уай. @ «Адæмыл хур дæр не ’ххæссы», — иуæй-иу хицау йæ- хи уымæй фараст кæны. Фæлæ кæд хур се ’ппæты нæ, уæд- дæр ма кæйдæр фæтавы. @ Ис тугдадзинтæ зæххæн дæр, уыдон сты йæ фæндæг- тæ. Зæххы дадзинтыл цæуæм мах — адæймæгтæ. Иутæ нæ цæуынц хæрды, кады бæрзæндтæм, иннæтæ — уырдыджы, ницæйаг ранмæ. © Рæдигæ алчи дæр кæны, фæлæ йæ рæдыд алчи нæ хаты, йæ рæдыд чи рахаты, уый у зондджын адæймаг, ахæмæн æвзæр фидæн никуы вæййы. ® Ис адæймæгтæ, уыдонæй иуты цард бахæры, иннæтæ та цардæн йæхи бахæрынц. © Царды асинтыл дæлæмæ-уæлæмæ чи кæна, уый у пешкæ, шахматист дзы хъазы йæ зæрдæйы фæндиаг. © Цæйнæфæлтау дæ къах цардыл скъуырай æмæ фæ- кæлай, фæлтау æй дурыл скъуыр, уадз æмæ фындз дæр ныппырх уæт, уый æнцондæр уромæн у. © Æхца дæм кæй ис, уый диссаг нæу, диссаг, куыд дæм бафтыд, уый у. © Ис дзигло лæгтæ, уыдон æдзухдæр фæфæзмынц стыр адæймæгты æмæ афтæмæй царды сæхи никуы ссарынц. Стыр адæймаг суæвын фæзмгæйæ нæу, уыдон æрдз дæт- ты. ф Ис хицæн адæймæгтæ, уыдон хицауиуæг кæныны мондагæй сæхимидæг уадзынц цъæх пиллон, фæлæ сæ къух- ты не ’фты. Цард сын раст тæрхон рахаста, ахæм адæй- мæгтæ эгоисттæ сты, адæмæн хорзæй ницы сараздзысты. ф «Адæймаг йе ’гъдауæй фидауы», мах афтæ арæх фæ- дзурæм, фæлæ ныл уыцы адæймаг кæд æрвылбон æмбæлы, уæддæр æй нæ фенæм. ©Хицау хъуамæ йæ бандоны цагъдар ма уа, бандон хъуамæ. уа хицауы цагъар. 328
@ Къухтæ... Уыдон счъизи вæййынц, фæлæ та æхсгæ- æхсын авджы хуызæн авæййынц. О, фæлæ дын, зæгъгæ». æхцайæ счъизи сты, уæд цард-цæрæнбонты нал ссыгъдæг вæййынц. ©’Цæйнæфæлтау домбай уай æмæ дын тæрхъусы зæрдæ уа, фæлтау тæрхъус у æмæ дын уæд домбайы зæрдæ. @ Исчи дæ куы ’ппæла, уæд дæ хъусты къæрмæджытæ- бакæн, исчи дæ куы ’фхæра, уæд канд дæхиуæттæ нæ, фæ- лæ ма искæмæй æфстау дæр райс хъустæ. © Ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæ цæрынц кæйдæр фын- джы уæлдæйттæй. Уыдон куыйтæй æвзæрдæр сты, æрмæст сæм ис иу хорздзинад: æфсæст сæ дар æмæ дæ хъахъхъæ- ной, фæлæ куыддæр дæ фынджы згъæлæнтæй фæцух уой,, афтæ дын дæ хурхы кард атъысдзысты. © Адæймаг, кæцыйæн йæ бон, демæ ныхас кæнгæйæ, дæ цæстытæм комкоммæ бакæсын нæу, демæ дзургæйæ йе уæнгтæ айвазы, тæссаг у кæддæриддæр, къæсæрæй дуар- мæ йыл баууæндæн нæй. ©Адæймаг, кæцы исты дзырд фехъусгæйæ йæ куыст ныууадзы, исты фехъусоны охыл — дывзагон у, тæссаг у. ® Фæнд у аразинаг хъуыддагæн йæ бындур, бындур та хъуамæ фидар уа, стæй йæ аразыныл та тагъд нæ хъæуы, тагъд хъæуы къултæ амайыныл. ©Тезис — æз хъуамæ фæуæлхиз уон, — æрдзы мидæг дзуры алы адæймаг дæр. Антитезис: — нæ, мæныл нæ фæуæлахиз уыдзынæ, — .Зæгъы æрдз. Царды мидæг адæймаг æмæ æрдзы æнусон тох у нæ- абоны культурæйы фæстиуæг. @ Мах уарзæм кад, фæлæ хатт нæ уарзæм уый сæрыл тох кæнын. @Æз тыхджын дæн, — зæгъы нæлгоймаг, фæлæ йæ- æдых сылгоймаджы æвзаг уæрдæхау æрыздухы. @ Мах цæстмæхъус ныхас кæй фæкæнæм, уый æрдзæй немæ нæ райгуыры. Ууыл нæ ахуыр кæны уавæр. Тох кæ- нын хъæуы, ахæм зианхæссæг уавæр царды чи фæзынын кæны, уыцы дæлбындзогты ныхмæ. 329^
МИДБЫЛХУДТ —ÆНÆНИЗЫ ХОС * * * Ус æмæ лæг хъуамæ ахицæн уой. Хъуыддаг æрцыдис тæрхондонмæ. — Кæд райдыдтой уе ’хсæн хъаугъатæ? — фæрсы тæр- хонгæнæг лæджы. Уый хъуыды дæр нæ акодта, афтæмæй дзуапп радта: — 1977 азы 1-æм январы боны цыппар сахатыл. — Ау, куыд дырыс æй бахъуыды кодтай? — бадис кодта тæрхонгæнæг. — Ахæм цытджын рæстæг адæймаг цæрæнбонтæм ба- дары йæ зæрдыл: уыцы бон нæ къухтæ ’рфыстам ЗАГС-ы. * * * ^— Дæ фырты машинæ скъæрын ахуыр кæныс, æгæр чысыл нæу нырма? — фæрсы иу лæг йæ сыхаджы. Æмæ йын уый дзуапп дæтты: — Хорзæй дæм цы ис, уый дæ байзæддагæн хъуамæ ныууадзай, зæгъгæ, никуы фехъуыстай? Мæн дæр мæ фыд æртæаздзыдæй сахуыр кодта... уæрдон скъæрын. * * * Шофер расыгæй сбадти машинæйыл. Автоинспектор æм бацыд æмæ йын дзуры: — Машинæ скъæргæйæ нæу дæуæн ныртæккæ, фæлæ цæугæ къахæй. — О, фæлæ куыд хъуамæ ацæуон, нæ мæ уыныс, мæ къæхтыл нал лæууын?! ЦЫРГЪ НЫХÆСТÆ Мах нæ царды стæм хатт бамбарæм кæронмæ, æцæгæй нæ 1щ хъæуы, уый. ззо
* * * Уарзæттæ уыйбæрц бадт æмæ уыйбæрц дзурынæй уымæн нæ хъыг кæнынц, æмæ сæ алчи дæр фæдзуры йæхи тыххæй. * * * Адæймагæн йæ зонд, йæ зæрдæ æмæ йæ дзыхы ныхас рахæссынц, кæцæй рацæуы, уыцы бæстæйы гакк. » * * Дæ усæй æппæлай, уый æгаддзинад у, фæлæ уымæй ^егаддæр та у хицæй æппæлын. » * * Иуæй-иу лæппу йæхимæ ныззыны æмæ афтæ фенхъæлы, ома мæ хуызæн нал ис, афтæмæй та уый вæййы æнæхъомыл къуыдипп. * * * \ Худæг* вæййынц, кæддæр рæсугъд чи уыдис, фæлæ ныр чи базæронд, уыцы устытæ. Уæддæр сæ нæма фæуырны, кæй никæйуал зæрдæмæ фæцæуынц, уый. * * * Мах цы бынаты аккаг вæййæм, уыцы бынат куынæ фæ- ахсæм, уæд разынæм. Фæлæ-бирæ хатт цы бынаты аккаг нæ вæййæм, ахæм бынаты куы фæбадæм, уæд свæййæм адæмæн худæджы хал. Иу адæймаджы базонынæй адæмы базонын æнцондæр у. 331
Знæгтæ дæуыл цы хъуыды кæной, уый рæстдзинадмæ бирæ хæстæгдæр у дæ хæлæртты хъуыдытæй. * * * • Адæймæгты быцæутæ-иу нæ ныддаргъ уаиккой, аххос æрмæст иуæрдыгæй фарс куы уаид, уæд. * * * Хæлæртты зæрдæйыуаг нал хатын нысан кæны, ды сын кæй ницыуал аргъ кæныс, уый. * * * Чи цахæм адæймагæй фæцард, уый йæ табæтæй дæр рабæрæг вæййы. * * * Адæймаг цы чиныг кæса, уымæн йæ идеятæ мады æх- сырау, хъуамæ уой сыгъдæг. * * * Чиныджы фæрцы адæймаг базоны, зæххыл цахæм фæ- литой митæн ис саразæн, æппæт уыдæттæ. Чиныджы фæрцы адæймаг базоны, зæххыл цахæм хорздзинæдтæ ис саразæн, уыдæттæ. * * * Цард тынг зын ахуыргæнæн чиныг у, цас æй ахуыр кæ- най^ уыйас кæны вазыгджындæр. Цард сахуыр кæныны хæс йæхимæ райсы цæрджытæн æрмæст сæ иу процент, иннæ 99 проценты йæ иувæрсты ацæуынц. 332
Мæ алфæмблай ничиуал ис, мæ цахъхъæнтæ æрызгъæл- дысты, сыфтæртау. Кæимæ ма ссардзынæн иумиаг æвзаг. цæрын та ногæй райдайон? Æмæ афтæ кæд уыдис?! * * * . Сыфтæртæ згъæлын райдыдтой, хæхты бæрзæндтæ урс адардтой, уыцы нывтæ зæрдæйы сагъæстыл бафтыдтой — æрдз зæронд кæны... Æвæдза тæссаг низ у зæронд кæнын * * * Адæймагæн æппæтæй зынаргъдæр у цард, уымæ гæсгæ афтæ хъуамæ араза, цæмæй йын йæ алфæмблай уæвæг адæймæгтæ дæттой цæрыны фадат. Чызг, ды рæсугъд кæй дæ, цард мæм рæсугъд уымæн кæсы. ДЗЫРДТЫ АЙДÆН Нæй æлгъаг куыст, ис æлгъаг адæймæгтæ. * * * «Уый амондджын адæймаг у», — арæх фæдзурæм искæй тыххæй æмæ фæбæллæм, мах дæр уыйау амондджын куы уаиккам, фæлæ нæ гæрзтæ никуы рабæттæм, уыцы адæймаг амондджын цы хорз миниуджытæй у, уыдон сахуыр кæнын- мæ. Зондджын адæймагмæ ис бирæ хорз миниуджытæ, уы- донæй сæйраг сты дыууæ хъуыддаджы: зоны цин кæнын 333
искæй æнтыстытыл æмæ сагъæс айсы йæ зæрдæмæ, исчи куы фæкъуыхцы вæййы, уæд. * * * «Куы мæм фæхъыг уа», — хатт афтæ хъуыды кæнгæйæ, не ’мгарæн йæ ных нæ бакъуырæм æмæ стæй райдайæм «оффытæ» æмæ «оххытæ». * * * Зондджын адæймаг у мыдыбындзы хуызæн. Мыдыбындз алы дидинæй дæр йæ мыды хай куыд райсы, афтæ зонд- джын адæймаг дæр йæ зонды хай райсы сабийæ суанг зæ- рондмæ алкæмæй дæр. Уымæн æмæ уый уыдонæй алкæимæ дæр ссары иумиаг æвзаг. Зондджын кæддæриддæр йæ зæр- дыл дары иу хъуыддаг: æрдз адæймагæн радта иу æвзаг æмæ дыууæ хъусы. * * * Зондджын адæймагæн исчи йæ хъæнтæ куы зæгъа, уæд сæ йæхимидæг фæрабар-бабар кæны æмæ саразы хатдзæг- тæ. Зондцух адæймагмæ та райгуыры хæрам. * * * Ис æртæ категорийы адæймæгтæ: иутæ кусынц, цæмæй йæ ус, йæ сывæллæттæ æмæ йæхæдæг мацæмæй цух уой; ин- нæтæ уый тыххæй дæр кусынц, фæлæ ма сæ алфæмблай адæймæгтыл дæр хъуыды кæнынц. Æртыккаг категорийы адæймæгтæ сæ царды сæйраг нысан сисынц: адæймагадæн- стыр бынтæ ныууадзæм, зæгъгæ. зк
АМ —ЦÆФ, УЫМ—ЦÆФ * * * Ды — мæнæй райгонд, Æз — дæуæй найгонд. * * * Афтæ сабыргай амард мæ уд Гъеныр бад æмæ химидæг худ... * * * РАГОН ИР — ИРОНÆН Лауал цу балцы, Ма мæ дар арцыл. * * * Уый цæуы размæ: Нозтæн йæ карзмæ. Зæхх мæ игæрæй дæр марзтон, Фæлæ мын нæ рыст — дæу уарзтон. * * * Бакæс дæм æмæ дæ хох-лæг, Царды та — хæлиудзых, хом лæг * * * Разад, рахаста æвзар, Хорзы цауд лæгæй æвзар! 335
* * * Чи у, чи та дæ нæ уадзы, — Рахæсс, уа æви нæ уа дзы!.. ! * * * Сусæг-æргомæй уал азы: Уарзы хибарæй аназын... * * * Райдыдта хæст хуымгæрдæны, Ды кæм уыдтæ, кæй кæрдæны?! * * * Ма тшæл: «цæрын сахары»! Дæ номæй зæгъ: цы ахады?! Уарзын æз мæ сахаты, Цал хатты фæдæн сахаты... * * * Арвæй зæххы ’хсæн—дзæнгæрæг Фенхъæлдта йæхи нæ хæрæг. * * * Циу æнхъæлцауæн хуыцау? Кæд дæ дзыппы уа æхца. * * * Хорз лæг рацыдтæ бæргæ, Долийау кæныс нæргæ.
* * * Мæн фæдзæхстай: «Уарз дæ бæстæ!» Стæй йæ фелгъыстай мæ фæстæ. * * * «Уарз дæ Иры бæстæ», — загътай, Стæй нæ уæзæгыл ныууагътай. * * * Ирæн кувыс æмæ зарыс, Ноджы фондз хæдтулгæ дарыс. * * * Сдыдтой дæ цæстмæ — хатыдтай, Уæд’дæр фырцинæй атыдтай. * * * Алкæмæ дæ цæст ма ныкъул, Ма кæн дæхицæй хъазæнхъул. * * * Йæ сабыр уд æппæтдæр барста, Ызнæгты дæр йæхиуыл баста. * * * Ма худ алкæуыл æвзæрæй, Зон, дæ радуыдзæн изæрæй. * * * Надæй уыди ностæ, Уæддæр нæ саст, нозта. 22. Харебаты Л. 337
* * * "1 Рувас кафыд хъазты, Ма ачырха хъазты? # * # Йæхи та былæй фесхуыста: Нозт, хæрды кой та фехъуыста... ÆНÆХУЫНД Кæмæн — арфæ, кæмæн — цы. •Зыдта йæ хорз кæдæм цыд... * * * Æппæлыд мын: «фынгыл, дам, арт дæн» Æмæ аскъуыдис йæ артæн. Хъуамæ аргъ( кæнай дæ ардан, Де ’стыр фарн æмæ дæ артæн. * * * Кæмæй уæ ис ныфсæвæрæн? Кæмæ цы ис — æрывæрæм! * * * Нæй мын фезмæлæн, растæн, Æз дæ уды раз раст дæн! * * * Се ’гуыдзæгыл сын худтæ, Стæй сын балхæдтай худтæ. ззв
* * * — Мемæ ды, — дзурыс, — райын дæ, Фæлæ нæ уадзыс дæ рæйын дæр. * * * Бакодта къæрмæг йæ хъусы, Стæры ’мæ хæры, нæ хъуськ * * * Мæн, цы дзурыс, уый куыд уырна? Æз нæ раивтон мæ дзырна... * * * Цал хатты мын загътай: уарзын,. Уал хатты дæм федтон уал зын. * * * Хъуамæ дæ уа ныфсæвæрæн, Сæрбахъуыды æфсымæрæн. * * * Адæмы туг ма дæй, Кæд райгуырдтæ мадæй! * * * Билцъ, дам, рафтыдтой задтæ, Химид цин кæнынц зæдтæ... Иугæр дын æрдыд^ хос* карет, Уæд дæ род уыдзæн хорзосаст. 339
* * * Хицауы цæсты ма хау, Зон дæхи дарын махау. * * * Хи не ’фсады хорз лæг хисты. Намыс æмæ кад йæхи сты. * * * Рахуыдтой мын æй мадзура,— Нæу йæ бон æмæ ма дзура... * * * Марды хуыдтой — æхсæны, Нал ауæрстой сырх сæныл. * * * Зонды тæрæзтыл чи бары, Адæмæн дæр нын уый бары. * * * Змæста алыхатт адæмы, Уыд цæттæ æдзух а-дам-ыл. * * * Ма мын дзур: «кæны сабыр цард»... У хæйрæгбадæн сабыр цад. * * * Иæ астæукусынмæ нæ тасыд, Бадт æмæ хæрæгау уасыд.
ЛÆМÆГЪ ФЫССÆГ Чысыл — йæ тых, Цæнгæт — йæ ных. * * * Фест сызгъæрин, фæлæ, хорз лæг, Зæгъ: кæм дыл фембæлд мæ хонæг?! Нæй дæ мийæн ныббарæн дæр, Æмæ дын нæй æппарæн дæр. Уалдзæг та нын ногæй хуры ирд цæст разынд Æмæ та фырцинæй хуымоны сæр разылд. Ауагътай мын дон мæ артыл, Уæддæр дзурын æз мæ бартыл. «Ма дзурут» ды махæй домыс Æмæ нæ æвзæрæй тоныс. Доны мидæг уарзтыл зарыд, Уæддæр йæ уд басыгъд, сарыд. ÆНÆФÆУД ХЪУЫДЫУÆТТÆ АРХИМЕД загъта: «Æриут мын, мæцъис цæмæ фæфи- дар кæнон, ахæм быцæу, æмæ уын æз зæххы иннæрдæм сфæлдахдзынæн». О, загъта, фæлæ йæ афтæ цæмæн бафæн. дыд, уый не ’схъæр кодта. 341
^ДАРВИН сбæлвырд кодта, зæгъгæ, адæймаг равзæрд маймулийæ. О, фæлæ маймулийы афтæ цæмæн бафæндыд, уый нын нæ райхæлдта. СОКРАТ загъта: «Æз базыдтон уый, æмæ бынтондæр кæй ницы зонын». 0, фæлæ йæ куыд базыдта, уый нæ загъ- та. НАПОЛЕОН загъта: «Кады номæй æгады номы ’хсæн ис æрмæстдæр иунæг къахдзæф» Фæлæ Наполеон не сбæл- вырд кодта, æгады номæй кадджын номмæ цал къахдзæфы ис, уый. ТАЛЕИРАН загъта: «Адæймагæн æвзаг ис уый тыххæй, цæмæй дзура йæ хъуыдытæ». Уый афтæ у, фæлæ гомыгтæ та уыцы уав&рæй сæхи куыд фервæзын кæной, уый сын нæ бацамыдта. ! ЦИЦЕРОН загъта: «Æз мæ фæллад куы фæуадзын, уæды хуызæн æнæвдæлон никуы вæййын». Фæлæ нæ загъта цы хъæуы, цæмæй куысты уæлхъус дæр уай æнæвдæлон. БАЗЫРДЖЫН ХЪУЫДЫТÆ ’ Лæмæгъ фыссæг дæн, зæгъут? Уый тыххæй дæр — буз- ныг! Æгайтма мын мæ фыстытæ бакастыстут... * * * Спектакль хорз уыд, æрмæст дзы фæстаг хатт топп æх- сын нæ хъуыд, театрдзаутæ фехъал сты. Критикæ хорз у, мæн тыххæй дзырд куы нæ фæцæуы, Зарæгæй дзырд æппарæн нæй, — загътой, æмæ зарæгæн йæхи æнæхъæнæй аппæрстой. 342
* * * Гæды фиумæ æххæссыд, фæлæ йæм не ’внæлдта, æфси- нæй йæ цæсгом нæ хъæцыд. * * * Къамбец йæ куыстагыл атагъд кæнид, фæлæ тæрсы, уæд æй къамбец нал хондзысты. МÆ ФЫНТÆ Мæхиуыл дис кæнын: иннæтæй хъауджыдæр, æз дæр нæ хъуыды кодтон, кæй кой ракæнынмæ хъавын, уыдоныл. афтæмæй федтон æнахуыр фынтæ: * * * ...цыма, пионерты хæдзары алфæмблай цы бирæ брон йс, уый пионертæ ныссыгъдæг кодтой... * * * ...цыма, таксийы шоферæн бæлццон, цы ’мбæлд, уый- бæрц бафыста, æмæ бæлццоны къухмæ нал каст... ...цыма, Цхинвалы райдыдтой тæвд бонтæ æмæ уынг- тæй æппынæдзух хъуыст «марожни»! марожни»! марожни!» * * * ...цыма, Цхинвалмæ донуадзæн арæзт фæцис æмæ адæм рæсуг дон нуæзтой... * * * ...цыма, Цхинвалы уынгты къуыппытæ æмæ дзыхъхъы- тæ слæгъз сты æмæ сыл машинæ цæугæ-цæуын арвмæ, пур- тийау, нал схъиудта... * * * Уæддæр диссаг у, цæмæн федтаин æз ахæм фынтæ. Кæ- мæ хауынц, уыдонæй хъауджыдæр сыл æз дæр куынæ хъуы- ды кодтон, уæд...
^аошпæн к^— ■ЦИ 4—ж ццЦР^ СЫВÆЛЛОН ДЗЫ КУЫНÆ ЗÆГЪА ФÆТÆГЕН Чысыл Ацæмæз бахъуыды кодта: иугæр дзæнгæрæджы хъæр æрбайхъуыст, уæд уынджы фæтæген уæйгæнæг фæ- зынд. Иухатт Ацæмæзы йæ фыд акодта театрмæ, куыддæр театры дзæнгæрæг радтой, афтæ фæхъæр кодта: — Фæтæген, фæтæген! ДÆНДАДЖЫ ДОХТЫР Иу хатт Хæмæтæн йæ риссаг дæндаг дохтыр сæфтыдта. Уымæй чысыл рæстæг рацыд æмæ хæдзары цыдæр знаггад ракодта. Фыд æм хæцыд. — Искуы ма афтæ куы бакæнай, уæд дын дæ дæндæгтæ сæфтаудзынæн! — Æмæ, баба, ды дæр дæндæгты дохтыр дæ? — дисгæн- гæ афарста Хæмæт. ДЫГЪД СТЫ Чысыл Умар зыдта, иугæр æй йæ мад райхъал кбдта, уæд хъуццытæ сты дыгъд æмæ сæ хъæуы сæрвæтмæ азда- хын. Иу райсом та Умары йæ мад райхъал кодта. — Фест ма, Умар, дæ нывонд фон, мæнæ гогызты кæр- тæй æддæмæ аздах. — Æмæ дыгъд сты? — хуыссæг хъæлдзæгæй афарста Умар. 344
* * * Лæппу йæ кæсдæр хойæн дзуры: — Мæ сæр риссы, æмæ йæ къæс-къæс цæуы. — Уæдæ йæ хъæр цæуылнæ хъуысы? — бафиппайдта чызг. * * * — Дæ фæлтæрæн фæдæ фыст æви нæ? — Фæдæн. — Уæдæ тæпп кæм ис? — Уый нырма ис ручкæйы. * * * — Æртæхтæ кæцæй равзæрынц? — Зæхх йæ тых, йæ бонæй зилы æмæ йæ хид рацæуы. * * * — Мæ чызг, къласы фыццаг ахуыргæнинаг кæй уыдзы-- нæ, уый тыххæй дæттыс дзырд æви нæ? — фæрсы мад. — Æнæмæнг, æрмæст-иу мæ алыхатт дæр раджы рай- хъал кæн, — дзуапп радта чызг. * * * Фыд, æдзух йæ фыртмæ кæсгæйæ, бæллыд æмæ дзырдта: — Искуы мын куы слæг уаис æмæ адæмы хъæр куьг бамбарис!.. Фырт иухатт йæ фыды афарста: — Баба, адæймаг цал азмæ бамбары адæмы хъæр? — Æппынкъаддæр 35 азмæ, — зæгъы фыд. — Баба, уæдæ дæуыл уал азы нæма сæххæст? * * * — Иæ хорздзинад дæр уый мидæг ис, алыбон дзы скъо- ламæ цæуын нæ хъæудзæнис. 345'
* * * — Дæхи ныхсадтай? — фæрсы фыд йæ фырты хуыцау- ’боны, аходæн хаергæйæ. — Æмæ абон скъоламæ куынæ цæуын, — фæцырд фырт. * * * — Ахуыргæнæг, дæу фæндыд мæ ныййарджыты фенын, мæнæ сты, — загъта ахуыргæнинаг æмæ нын ныйпарджы- ты нывтæ равдыста. * * * Ахуыргæнинаг чиныджы бакаст Цæгат полюсы тыххæп ,æмæ йæм бабæллыд: — Тæхуды уым цæр. * * * — Дæ ныфс æм куыд хæссыс, мæ къона, уым уазалæй уынгмæ ракæсæнтæ нæ вæййы. ÆЗ БИРÆГЪ АМАРДТОН Мад йе ’ртæаздзыд лæппуйæн балхæдта чиныг: «Би- рæгъ». Æрбадын æй кодта йæ фарсмæ æмæ йын бацамыд- та, бирæгъ цахæм цæрæгой у, уый: «Уый бирæ знаггад кæны адæмæн æмæ нæ хъæуы марын». Уыцы дзырдтæ сывæллон йæ зæрдыл бадардта æмæ иухатт йæ мад куыстæй куы ’рба- цыд, уæд йæ размæ цингæнгæ разгъордта —Нана, нана, æз абон бирæгъы амардтон! — æмæ саби йæ мадæн равдыста бирæгъы ныв кæм уыдис, уыцы сыф ^лыстæг скъуыдтæй. ДЫ АМ НÆ ДÆ... Алан хæдзары хъуыста йæ мадæй, зæгъгæ, дæ фыд би- рæгъ у. Иу хатт Аланæн йæ фыд балхæдта чиныг, хуынди «Бирæгъ». Уый йын йæ нывтæ федта æмæ йæ стæй кæмдæр къуымы баппæрста, нал æй бафснайдта. 1— Алан, дæ «Бирæгъ» дæ нал хъæуы, цæмæннæ йæ æф- .346
•снапыс, уæд та дын фесæфт? — зæгъы йын фыд. — Æм& баба, ды ам нæ дæ? * * * — Ды арс дæ, арс! — ус-иу хъазыд йæ мопæ. Уыцы дзырдтæ арæх хъуыста æртæаздзыд Æхсар æмæ сæ йæ зæрдыл бадардта. Иу хатт Æхсарæн йæ фыд балхæдта, хъæддаг цæрæ- гойты нывтæ кæм уыдысты, ахæм чиныг æмæ йын сæ æв- дыста. — Ай та у арсы ныв, — амоны фыд. Æхсар иу каст куы нывмæ æркæны, куы та йæ фыдмæ бакæсы, стæй дызæрдыггæнгæйæ сдзырдта: Æмæ, баба, уый дæ хуызæн куынæ у! * * * — Симон стыр лæг у! — ацы дзырдтæ арæх хъуыста са- би йæ фыдæй. Сывæллоны цæстыты раз-иу сæвзæрд цахæм- дæр хох-лæг. Иухатт сæм Симон цæйдæр хъуыддаджы фæ- дыл æрбауад. Сывæллон, Симон уый у, зæгъгæ, куы базыд- та, уæд фыдæн уайдзæфгæнæгау бакодта: — Æмæ, баба, Симон дæуæй чысылдæр куы у. * * * Фь*д æрбацыд æмæ цингæнгæ йе \мкъайæн йæ хабæрт- тæ дзурын райдыдта: — Мæ куыстæй мæ æнæзакъонæй систой, профкоммæ бахъаст кодтон æмæ мын уый мæ хъаст облсовпрофмæ ар- выста, облсовпроф — тæрхондонмæ. Тæрхондон тæрхон ра* хаста æмæ мын фæстæмæ мæ куыст радтой. Уыцы дзъфдтæм чысыл Ботаз фехъуыста, фехъуыста земæ стæй цингæнгæ сдзырдта: — Баба, уыцы аргъау æз дæр зонын. Уый «Сыст æмæ Æхсынчъы» аргъау у. * * * Аслан фæрæтæй цыдæр архандта. Иæ чысыл фырт Хаз- ^би йæм бацыд æмæ йæ райдыдта фæрæтæй фæрсын. — Баба, уый цы хуыйны? — æмæ йæ къух радаргъ код- 347
та фæрæтмæ. — Уый у фæрæт! Фæрæтæн ис ком, — амоны йын æй, — фæрæтæн ис цæгат дæр, мæнæ уый та у цæгат! Сывæллон разыйæ баззад æмæ цингæнгæ ацыд хæдзар- мæ. Иухатт Асланмæ йæ мойгонд хо æрцыд уазæгуаты æмæ хо йе ’фсымæры хæдзарæй æппæлыд: ацы хæдзар, дам, мæ цæгат у. — Æмæ исты ды дæр фæрæт дæ! — афарста Хазби дис- гæнгæйæ. * * * Хилдасæнмæ фыд йе ’ртæаздзыд фыртимæ бацыд. Æр- бадтысты хилдаоæджы раз, дыууæ дæр кæрæдзст уынынц кæсæны. Фырт бады æмæ хъусы машинæйы, хæсгарды цъыпп-цъыппмæ. Æхсызгон ын у, цин кæны, фæлæ фен- къард. Уый кæсæны уыны, йæ фыд сæрдасæны бын йæхи- сæнцъылдтытæ кæны, йæ цæссыгтæ згъæлынц. — Б-а-а..., ма ку, ба-а-а, æз куы нэб кæуын, — ныфсытæ* æвæрдта фырт йæ фыдæн. * * * Хизæнæй æрцыд хъуг, æмæйæкæртыбабастой. Куы йæ* æрдыгътой, уæд æрхуыссыд æмæ райдыдта сынæр цæгъ- дын. Æртæ аздзыд Люзæ йæм бацыд, бирæ йын фæкаст йæ дзыхмæ æмæ йын стæй райдыдта лæгъстæ кæнын: — Æрима мын чъиу, о... о... Б А Л О Н К А (Чысыл ныв цæрæгойты цардæй) Афтæ хуыйны Аланы къæбылайы мыггаг. Йæ фыд ын æй дард кæцæйдæр æрхаста, æцæг уæд хæрз къаннæг уы- ди, ныр дæр хæхтæ йæ сæрыл нæ систа, фæлæ йæ рæзынæй банцад æмæ ныр йæхицæй ныббуц, æз дæр, дам, лæг дæн! Æмæ стæй куыд буц у йæ дзргъ фæлмæн, уæгъд- 348
æппæрст хъустæй, йæ фæлмæн хъуынæй, йæ цыбыр бы- рынкъæй, йæ хъуынджын руетæй! Уæртæ ма йæм бакæс, куыд уæздан цыд ракæны. Чы- сыл фæйнæрдæм йæ цæст ахæссы, исчи мæм, ома, йæ цæст дары. Стæй та йæ зæрдæ йæ чысыл хæлар Аланмæ атæхы. Йæхицæн райдайы хъуыдытæ, куы та уайдзæфтæ дæр: «Бакодтон æй сывæллæтты цæхæрадонмæ, фæлæ йæм уæддæр мæ зæрдæ æхсайы. Æцæг ыл йæ хъомылгæнæг мæ цуры дзæбæх баузæлыд, «мæнæ та мæм мæ дзæбæх лæппу æрбацыд! Аланчик, уый та дын чи у?» — афарста йæ хъомылгæнæг. Æниу æй æз хорз зонын, уый йæ мæнæй фарста... Цæуы Балонкæ хæдзармæ, фæлæ тындзы, зæгъгæ, уый дзы нæ зæгъдзынæ, уымæн æмæ йæ йæ къах размæ нæ хæссы. «Уæдæ ныр æнæхъæн бон цы кусдзынæн? Уынгмæ-иу æрхизин, фæлæ уым дæр кæимæ аныхæстæ кæндзынæн, Аланчик йедтæмæ мын мæ ныхас ничи æмбары. Æмæ стæй куыд æнæмæт у, куыд! — уый Балонкæ Аланчикæй .зæгъы. — Райсомæй йын йæ пысултæ иугай агур æмæ йын ’сæ йæ къухмæ дæтт! Иубон та цыми бакодта? Паркмæ ацыдыстæм æмæ кæмдæр йæ худ ныууагъта. Мæ сæр ра- зылд йæ агурынæй. Æз та уымæй æнæмæтдæр, æндæра йæм мæ хъус цæуылнæ дардтон? Хорз уыд, æмæ йын æй уæддæр ссардтон, фæхыл та йæм кодтаиккой... О, куыд жнæмæт сты ныры кæсдæртæ, уæдæ æз афтæ уыдтæн? Цæуы Балонкæ, уæдæ цы кæна, хæдзармæ атындзын хъæуы. Мыййаг Аланы мад йæ куыстмæ куы ацæуа, уæд .дуар сæхгæндзæн. «Иубоны ми нал бакæндзынæн, атагъд хъæуы. Æцæг куыд æнæвдæлон у Аланчикы мад! Айразмæ дзы ’айрох дæн, дуар сæхгæдта æмæ уынджы баззадтæн. Мæхи ма цы фæкодтаин, уый нал зыдтон. Стæй йæм куыстмæ ацыд- тæн, йæ кусæн бынат ын тыхæй ссардтон. Куыд тынг мыл -фæцин кодта, дæгъæл мæм лæвæрдта, ацу æмæ, дам, дуар - бакæн. Худтис мыл, стæй йæхæдæг рацыд æмæ мын хатæ- ны дуар бакодта: —Мæнæн дæр куыст ис æмæ-иу дæ ис- ■куыдæм куы арвитын, уæд-иу афоныл æрбаздæх, — Алан- -чикы мад мын фæлмæн уайдзæф бакодта». «Уæд та исты куы ахордтаин, уæд ам чысыл уæлдæфмæ атезгъо ;кæнин, æз дæр уд дæн æмæ сфæлмæцыдтæн æдзух хæдзары бадынæй. Фæлæ нæ, сыджыты зæрдæ фæу, куыд мæ айрох; Аланчик йæ хъарм мидæггаг хæлаф нал ссардта, æз ын’æй’хъуамæ загътаин, деттæ дын сынтæджы бын ис, фæлæ йæ, зæгъын, чысыл амæстæймарон, стæй мæ куыд 349
айрох, уый мæхæдæг дæр нал базыдтон. Æнхъæлдтон, йæх!г батыхсын кæндзæнис, фæлæ, мара зæгъ, ныры кæсдæртæй: уый ма дом! Æмæ сæхи аххос дæр нæу,'æппæт дæр сын цæт- тæ, æввонгæй ис, æмæ иууылæр уырдыгæй цæуы! Цымæ йæч хъæудзæнис?» Балонкæ æрлæууыд, йæ зæбул хъустæй æмæ йæ хъуын- джын ныхæй йæ цæстытæ рæстмæ зынгæ дæр нæ кæнышт. Фæлæ уæддæр арвыл йæ цæст ахаста: «Суазал кæндзæн, фæлæ Аланчикæн кæд ницы уаид, изæры йын æй уырдæм ахæсдзынæн». Балонкæйыл бон зæр- дæдзургæйæ баизæр, рæстмæ хæргæ дæр ницы акодта, йæ зæрдæ хæрд не ’ркуырдта. Изæрæй Балонкæ къулыл конд сахатмæ скаст. Бафæстиат кодтон, афонмæ мæм æнхъæлмæ кæсы, мæгуыр, æз та ам дзыназын. Бауад æмæ къуымты ра- цагуырдта Аланчикы хъарм мидæггаг хæлаф. «Уæдæ цы фæуыдаид, иу ран нæй, иннæ ран нæй, хæйрæ- джытæ йæ ахордтой! О, мæнæ кæм ис, мæнæ! Æмæ йæ Алан- чикы мад куыд арф нывæрдта, цыма йæ никуыуал бахъуы- даид! Науæд оывæллоны бæгънæгæй куыд ауагъта? О, куыд æнæмæт сты иуæй-иу мæдтæ! Сæ сывæллæттæй сæрибар уæд, уый йедтмæ дын ницæуыл батыхсдзысты. Цом атагъд кæнон». Балонкæ йæ дзыды фæхæссы Аланчикы хъарм мидæггаг хæлаф, цин кæны. Уæдмæ фæкаст æмæ йæ бынаты æдзынæг алæууыд. Æрбацæуы Аланчикы мад. «Æнæмæнг ын æхсыз- гон уыдзæн, — ахъуыды кодта Балонкæ, — æз цæуын Алан. чикмæ, ноджы ма йын уырдæм йæ хъарм дзаума хæссын, уый куы базона, уæд. Цыдæр тызмæг каст мæм кæны Аланчикы мад, цыма йын мæ фенд æхсызгон нæ уыд. Æммыст цы кæны?» Уæдмæ Балонкæйы хъустæ ныццарыдтой. — Мæнæ мæ къæрныхы æрцахстон! Æз та, зæгъын, сы- вæллоны пысултæ цы фæвæййынц! — Дзуры мæстыйæ Алан- чикы мад, стæй æргуыбыр кодта æмæ Балонкæйы дзыхæй хъарм мидæггаг стыдта. — Æз дын схос кæндзынæн, фæ- лæу!.. Балонкæ лæугæйæ баззад. Аланчикы мад æм фæстæмæ кæсгæ дæр нал фæкодта, хæдзармæ атындз;ыдта. Балонкæ йæ фæстæ адзырдта: — Еныр ды мад дæ?! Сывæллоны бæгънæгæй ку<ыд ра- кæнон? — Фæлæ базыдта, йæ- дзырдтæй ницы рауайдзæн, æмæ æнкъардæй араст Аланчикмæ. «Уæддæр куыд æнæмæт сты ныры иуæй-иу мæдтæ», — йæхимидæг афтæтæ дзургæ, Балонкæ балæууыд сывæллæт- ты цæхæрадоны. 350-
БАУЫРНЫДТА ИÆ Хъилхъус тæрхъус тынг ныффæлад æмæ бæласы бын- дзæфхады мæрайы бабырыд. Чысыл фæстæдæр йæ хуыр- хуыр ссыд. Иæхицæн уыны дзæбæх фынтæ: цыма уæлæ уы- цы хохыйас байрæзт, йæ дзæмбытæ дæр — стыртæ! Цыма фыдæлтыккон тулдзбæласы дæр куы рариуыгъа, уæддæр æй иу цæфæн сфæлдахдзæн, фæлæ уый нæ уыд диссаг: Цыма фынæй кæны æмæ йæм бирæгътæ æмæ домбæйттæ, æрсытæ хæрынмæ æрбацæйцæуынц. Уый хуыр-хуыр кæны, æрдумæ дæр сæ нæ дары. Чи йæм æрбаввахс вæййы, уый йæ комы тæф уæлæ Дадайы хохы цъуппыл ныццæвы! Хъилхъус тæр- хъус дæр цыма æххæст фынæй нæу æмæ домбæйтты, бирæ. гъты йæ комы тæфæй къæдзæхтыл куы ныццæвы, уæд чьь сыл йæ пыррыкк рихиты бын æнæввæрсон худт бакæны. Фæлæ уæдмæ нæ хъæбатыр тæрхъус тасæй арвмæ фæ- хаудта — цыдæр æруад йæ хъустыл. Æуыцыиу сæррæтт фæ- кодта. — Мæ цæрдæг къæхтæ, фыдбылызæй та мæ бахизут, — сдзырдта æмæ уæлæ фæлидзы къæмбыртыл. Уалынмæ арв тыхджын ныннæрыд. Арвы нæрд æмæ ставд ихы рацыд иумæ уыдысты. Раст дзы тæрхъусыл иу ставд их сæмбæлд. — Æллах, мæ къона, уæддæр цуаноны нæмыгæй æрцыд мæ мæлæт!—тæрхъус нырдиаг кодта æмæ та къутæры бынмæ йæхи баппæрста. Уым йæ къæхтæ адаргъ кодта æмæ «амард». Хуыссы тæрхъус уæлгоммæ, йæ къæхтæ ныттынг кодта, афтæмæй. Уæдмæ уарын фенцад, мигътæ фæйнæрдæмты сæхи айстой æмæ хур ракаст. Тæрхъус æппæт дæр уыны; уарын куыд банцад, мигътæ фæйнæрдæм куыд ацыдысты æмæ хур куыд ракаст; хъусы мæргъты зарын. Хъилхъус тæрхъус мысы йе ’рдæбоны фынтæ, йæ цæс- тытыл ауадысты бирæгътæ, æрсытæ, домбæйттæ, йæ комы тæфæй сæ къултыл, къæдзæхтыл куыд хоста, æмæ та йæхи- цæй ныббуц. — Уæлæуыл æгад цард нæ акодтон, — йæхицæн дзуры тæрхъус, фæлæ ма мæрдты дæр æвзæр нæ уыдзæн, — æмæ цыма хуры фыццаг хатт федта, уыйау та йæм нымдзаст. — Хур мæрдты дæр хорз тавы, — ноджы та сдзырдта тæрхъус æмæ йæ ног дуне сгарæг ацыд. 1968 аз. 351
МÆСЫГ ХИ ДУРÆЙ СÆТТЫ (Аргъауфæсномыг) Раджы уыд, æви æрæджы, - Иу дзæбæх нæртон фæззæджы, Сабитæн, мæ чысыл хуртæн, Æз дзырдтон фыдæлтон аргъау... Байхъусут-ма мæм кæронмæ, Асурут уæхицæй хуыссæг, Кæннод уæм фæхъыг уыдзæнис Ацы аргъауы ныффыссæг. Æмæ та æндæр хатт искуы Ног аргъау мæнæй куы домат, Гъей, уæд-иу сымах дæр хъуамæ Развæлгъау уæ рæдыд зонат. I Раджы уыд æви æрæджы Иу фæрныг зæххыл, фæдзурынц: Цардысты, уыдысты Астæ. Зонд æмæ Хъаруйæ — диссаг, Стæй сæ уынд æмæ сæ асæй... Семæ тохы-иу кæддæрид Баззади сæ фыдгул састы. Удыгас фыдгул та фæстох Бадтис ахæстоны Астæм. Абон дæр-ма сын сæ кадыл Хохы ’хсæрдзæнтæ фæзарынц. Асты комы лæгты дзыллæ Абон дæр сæ зæрдыл дарынц. Уазæг уыдон хаста дисæн. Дæу цынæ бауырна, уымæн Æз мæхæдæг дæн æвдисæн. * * * Æй, æвзæр, æвзæр кæронмæ . Аргъаумæ хъусын кæй бон нæу! Ракæс ма дæ цæстæй тагъддæр, Кæннод афынæй уæм мах дæр. Хъус, цытæ æрцыди Астыл Æмæ бамаст кæн сæ мастыл... 352
♦ * * Иухатт, — раджы уыд, æрæджы — Иу уазæг æрныди Астæм. Загъта сын: «уæ туг дæн, уе стæг!» — Æмæ бацардис сæ астæу. Загъта-ма: «Уæ кой уын хъуыстон, Æмæ уæм мæ сæр æрхастоп. Мадæй дæр æмæ фыдæй дæр, Зопут, дæььсыгъдæг туг Астæн. Æз нæ рæсугъд хæхты фепдуæ Цас фæбæллыдтæн — сæ уарзтæн... Æмæ ныр фæцис мын фадат, Уе ’хсæн дæн, æрцыдтæн, мæнæ! Чизоны, фæрсат: дæ бæстæн Ау, цæмæн фæдæ иппæрдгонд? Æз, цы уын зæгъон уæхицæп Зоны алцыдæр уæ Тæрхон. Раджы мыи мæ фыды, гаджы, Авдсæрон уæйыг фæхаста. Амард пал фэдта пæ эæххы Кæд æй ингæнмæ дæр уарзта. — Æз йæ иупæг фырт’йæ хъæбул, Цардтæн гуымиртæм уæнгбастæй. Загътон-иу мæхпмид, ?агътон: Ехх, кæд фервæчдзынæн хастæй!» — Афтæ — сомытæ, лæгъстæ дзырд, Таруагъдæй хуыцаумæ сидтис... «— Анзæлынп пырма дæр хъусты Куйхор гуымиртæн сæ фидис» — Астæ сабыр хъуыстоп лæгмæ Æмæ цæстысыг æзгъæлстой. Уыд цæссыг, фæлæ сæ риуты Цинтæ, хуры тынтæ луæрстон. — Асæй, кондæй, уæдæ удæй — У нын алцæмæй дæр халдих, — Сарæзтой куывдтæ, фæйнæрдæм Физонæджы ’хцондæф кзлдис. Цин ыл кодтой, зæгъгæ, йе ’взаг Хасты дæр нæ радта рохæп! Æмæ Астæ кадæн, радæй Радтой уазæгмæ сæ рохтæ. Астæ се ’мзæххон, сæ фырты Систой къухуырзтыл уæларвмæ, Хастой йын кæмдæрид, хастой 23. Харебаты Л. 353
Алкæм номы фынг йæ размæ. Уый дæр радис, радис хаст лæг, Стæй куыд нæ зæгъон мæ фыстæй — Астæ йын сæ рухс хæдзары Радтой уаз бандон сæ растæй. Фæлæ гуымиртæй куыд рацыд, Чи уыд йе суадзæг æмæ йæ Астæм чи бакодта цырд дæр, Уый сын уыдæттæ нæ загъта. Се ’хсæн дын фæмидæг артау. Асты се знæгтæ æмбæрстой: Уадз сæхи бар уа сæ хицау. Уæд æнцондæр у сæ сæттын... Нал уыдзæн зæххыл сæ фæддæр. Астæ — растзæрдæ, рæстæууæнк — Нæ зыдтой хин æмæ кæлæн. Радтой гуымирты фæддзуйæн Сæ риуты хъарм бынат, фæлмæн! Æмæ Асты ’взагыл дзурæг Æфтыдта Асты зæххыл арт... Разынд мидæгæй йæ зæрдæ Хин-кæлæн хъулон, тæппытæ. 'Уый цæмæп зыдтой нæ Астæ — 'Рцард йæ зæрдæйы кæлмытæ. Астæ сагъæсы ныххаудтой, Ничи уал сæ кодта худгæ. Астæм чи уыдис лæгау лæг Хъазыд се ’ппæтæн сæ худтæй. Рабадтис æви куыд зæгъон, Арт сын суагъта сæ фосыл Раст цыма сæм фæзынд хъомрын Хуссæртты сæм хуры хъæрммæ Сæныкк нал хъазыдис саппыл. Чи уæндыд, фæлæ-ма адæм Сусæгæй куыдтой сæ сæфтыл. * * * Æй, æвзæр, æвзæр кæронмæ Аргъаумæ хъусын кæй бон нæу! Райхъал ма у, райхъал тагъддæр, Диссæгтæ æрцыдис дарддæр.
Расидт: «Ацы зæххæн, дам, Хуыцауæй Иу хицау æз дæн æрмæстдæр! Чи нæ уа мæнæн уæ кувæг, Уый куыд нæ уына мæ цæст дæр!» Канд нæхæдæг нæ, фæлæ-ма Уымæн уæд йæ цоты цот дæр, — Цалынмæ мæ цæст æрттива, Нал баназдзæн амы дон дæр. Загъта ма: «Æз дæн зæххы бикъ», Расидтис: «Æз дæн бæсты тых!» Æмæ Асты номдзыд зæххы Хурыл хурхорты ысуагъта, Сау мигъæй æрцыди агъуыст. Адæмы тугæй йæ къухтæ Алыхатт уыдысты ахуырст. — Ахæм купхоры, нæ Хуыцау, Уый цæмæн радтай нæ марæг? — Адæм бафæлвæрдтой æмæ Барвыстой сæ лæгмæ хатæг: — Скæс дæ хуыцаумæ æмæ нæ Мауал кæн бынсæфт, гæныстон... Уый фæбогъ кодта: — Цæмæй уын Æз мæ къæлæтджынæй растон?! — Бад, уæздан лæг, фæлæ бамбар: Мах дæр цард хъæуы дæ цуры. — Акæс-ма, зæронд сæтол мæм Уый цытæ уæнды, цы дзуры?! Æмæ зæронд лæгæи бандон Уым пæ урс сæрыл ныххуырста. — Ау, йæ хицаумæ куыд уæнды Ахæм сау бæрзæй æххуырст та? Рапдыдтой хъуыдытæ адæм, Райдыдтой уынаффæ Астæ. — Ацы тугхорæн йæ разы Къæдз кæдмæ дарæм нæ астæу? Радта уый мæгуыры лæдзæг 355
Махæй алкæмæи нæ къухмæ. Дары нын æхсæвæн, бонæй Комджын сау хъама нæ хурхмæ. Ау, цæмæн цæра, зæгъут-ма, Удхор лæг нæ дзул, нæ цæххæй? Уадз, бынсæфт фæуæм, фæлæ йæ Фесафæм бынтон нæ зæххæп! Бадзырдтой æмæ йæ бастæй Тарф фынæйæ дард фæластой. Уым æй тархъæды дзæгъæлæй Сырдтæн холыйæн ныууагътой «Фервæзтыстæм дзы мыггагмæ!» — Астæ цингæнгæйæ загътоп... Фæлæ уæйгуытæ фыдæнæн Куйхорæн йæ баст ысуагътой... Æмæ та йын ног фæстæмæ Бакодтой лæгъз фæндаг Астæм. Загътой: ахæм хъæуы ’нæмæнг Астæн алыхатт сæ астæу». Æмæ цин куыд кодтой Астæ, Афтæ февзæрдис сæ астæу! Райдыдта сæ уым нæмынтæ, Тугтæ дæр йæ дзыхæй калдта. Цас сæ ’фхæрдта, уыйас ноджы Кодта зиууонау цырындæр. Систа Асты зæхх йæ сæрыл, Сытæй хæхтæ дæр рæмпъузы. Райынц уæйгуытæ æмæ йын Къухмæ авæрынц цыргъдæр кард! Уым сæ хъарм артдзæстæй Астæ Фесты се ’ппæт дæр æнæ арт. * * * Æй, æвзæр, æвзæр кæронмæ Аргъаумæ хъусын кæй бон нæу! Райхъал-ма у, райхъал, тагъддæр, Диссæгтæ сæм цыдис дарддæр. * * * Райдыдтой та уæд хъуыдытæ Сусæгæй зæрдæрыст Астæ: , — Ацы тугмондаг фыдгулæн Мах ысфаг хъуамæ уæм мастæн.
Чи у! чи нын у! куыд хъазы Уый нæ ном æмæ нæ кадæй?! Райдыдтой та ног тæрхæттæ, Райдыдтоп хæссыи фæндæттæ: — Иу æхсæвыгон кæм хуысса, Уым ыл бафтауæм хъæмпын арт. Уадз, цъыбыртты сыгъд дæр бауæд, Не стыр галуан— йæ бынат! Фæлæ... Куы фервæза, уæд та йын Мах цы кæндзыстæм, цы зæгъут? Уæ, нæ дауджытæ, æххуысмæ Цырд уæ кувджытæм æртæхут! — Цæй, уæд та æмæхсæвæджы Сыстæм æмæ дард фæлпдзæм. — Никæд! Уымæн нæй æрцæуæи! Ам нæ зæхх æмæ нæ цæрæн Мах нæ ныууадздзыстæм, зонæд, Калмæй райгуыргæ æвзæрæн! — Уый фæлтау ма пæм цы баззад, Уымæй саразæм нæртон куывд, Нозты карздæр ын рæдауæй Уым парахатæй фæдарæм. Стæй йæ расыгæй, æмбырдæй Иумæ арф хъоргъы ныппарæм! — Диссаджы тæрхон! — æмхуызон Астæ цингæнгæ сдзЬфДтой. Раст цыма сæ удты карз зын Уым æд уидæгтæ æстыдтой!.. , * * * Æй, æвзæр, æвзæр кæронмæ Аргъаумæ хъусын кæй бон нæу! Райхъал-ма у, райхъал, тагъддæр, Диссæгтæ сæм цыдис дарддæр! Асты куывд нæ зæрдыл дарын, Айхъус-ма — цæуы сæ зарын. * * * ’ Райдыдтой сæхи рæвдз кæнын, Исын сæ нæ хъуыд æфстæуттæ... 35Т
Æмæ, раст, сæ дзырд куыд уыдис, Афтæ се стыр куывд ысцæттæ... Хохæй-хохмæ, комæй-коммæ Фидиуæг фæйнæрдæм сидти: — Астæ куывд кæнынц æмæ уæ, Хорз адæм, йæ къахыл чи и? Ма ’рбадæд, æрцæуæд тагъддæр Астæн се ’рдхæрæиы куывдмæ! — Бырвыстой сылгоймаг хопæг Астæ хицаумæ уæздгнæн, Æмæ уый дæр ацы иу хатт Скад кодта ирон æгъдауæн... Райдыдтой минас... Уæлейау Асты куйхор хицау бады. Алчи йæм кæлæнгонд нозтæй Дзаггарз, дзаг сыкъатæй хаты... Æмæ раст сæ дзырд куыд уыдис, Афтæ бакодтой кæронмæ: Нозт йæ донгæмттæп æнхъизы, Ахсæн дæр рæмудзы, тоны. Дæ тыхджын, æви паддзах дæ, Нозт салтай-балтай нæ зоны. Астæ се ’знаджы æмдзырдæй Хъоргъмæ ахастой æмæ нæ Уым йæ сæткалгæ ныппæрстой. Уый ныббогъ кодта, цæф арсау, Дардыл базмæлы, ныккæрзы. Ноджы сæрра ис, куы федта: Астæ хъоргъы сæр æмбæрзынц. Февналы йæ’ цонджы фыдтæм, Мæстæй сæ хæры, æууилы. Богъ кæны, сæрибар Астæм Уый йæ тымбыл къух ныттилы. Фæлæ нал!!! Акæс-ма: зæрдæдгæбæхæн, Кусынц, хъуысы та сæ зарын. Никуы, никæд бон фыдлæгæн Астæ никуы зыдтой барын! * * * Аргъау уын дзырдтон, фæлæ ма Ахæм дæр æрцæуы царды.
Хорз кæй нæ зонат, гъей, уымæн Макуы баууæндут йæ ардыл. Афынæй ут ныр, мæ хуртæ, Ма мын фенут, ма, фыдфынтæ, Уыцы куйдзыхæн мыггагмæ ■Уæнт йæ хæрипаг уæ рыитæ. 1961—68 аз.
ÆЗ МА ЙЫН ИУ СОМ РАДТОН ^Сылгоймаг дæр хуыцауы фæлдыст у. Иутæн хæйрæг райгуыры æмæ иннæмæн та — зæд. Æрмæст, хуыцауы фæн- дæй, адæймаджы бон раиртасын нæу, хæйрæг кæд райгуыры æмæ зæд та кæд, цалынмæ йæ ракуырдæуы, цалынмæ чызт чындзы фæцæуы, уæдмæ. Гъе æмæ, цæмæй зыдта мæгуыр фыййау, йæ хæдзармæ йæхицæн цардæмбал куы кодта, уæд... Адæмæн æмбисонды рæсугъд ус йæ амонды хай бацис æмæ дын цæрынтæ куы райдаиккой, цæрынтæ. Лæппу цыд фыййау, ус та хæдзармæ йæ цæст дардта. Фæстагмæ усы цæст хæдзары кæртæй æд- дæмæ дæр æххæссын байдыдта. Иæ мой йæ зæрдæмæ нал цыд, сæмпæрчийæ йыл худын райдыдта. Æмæ стæй куыд нæ, адæймагæн йæ дæндаг хуыздæр истæуыл куы схæца, уæд йе ’взаджы уаг дæр бæрæг фæивы... Æппæт уыдæттæ мæгуыр фыййау кæцæй зыдта, хæйрæг ын йæ зæрдæйы дызæрдыгдзинады марг нæма ныттагъта, йæ рæсугъд усы зæрдæйы та намысы хъомыс фынæй бакæнын кодта. Афтæ цыдысты бонтæ æмæ фыййауы рæсугъд ус адæмы лæгты хъæбысы дзæнæттаг рæстæг æрвыста. Иу хатт та куы уыдис, уæд усмæ йæ лымæнтæй кæцыдæр иу сом æхцаимæ æрбацыд. Уый дæр ыл стыр цинимæ сæм- бæлдис, абадтысты, аныхæстæ кодтой æмæ аныр «бахъуыд- даг» кæной, афтæ чидæр дуар æрбахоста. Лæгæн ма цы гæ- нæн уыд, йæ иу сомыл дæр нал бамæт кодта, афтæмæй уæ- лæнгуыты сæрмæ схызтис æмæ уым æрымбæхст. Ус лæджы куы бафснайдта, уæд дуар бакодта, æмæ йæ разы — дык- каг лымæн, фыццагæй уындджындæр, хъаруджындæр. Кæм- ма уыд, цинæй сæ кæрæдзи фæхæрынц. А-ныр та «хъуыд- даг» кæнынмæ æрцæуой, афтæ æддейæ усæн йæ фыййау лæг аёрбахуыфыд. Цы ма акæна, куыд ма кæна, æмæ та 360
лымæны тæрхæджы бын амбæхста, йæхæдæг дуар бакодтг æмæ йæ лæгмæ хæцын райдыдта... Лæг, мæгуыр, ныкъæм- дзæстыг, афтæмæй усмæ бахатыд: сæххормаг дæн æмæ, зæгъ, уымæн æруадтæн. — Хæдзармæ хæсгæ ницы кæныс, æмæ дæ царв æма. цыхтыл куы дарин, уый дæ фæнды!—ус загъд самадта. Лæг иудзæвгар хъусынтыл фæцис æмæ стæй æнæбары аф- тæ бакодта: — Уæлæ уæллаг — ме ’вдисæн. Цас мæ бон у, уымæГ. мæхиуыл ницæмæй ауæрдын. Уæлæнгуыты сæрмæ цы лæг бамбæхстис, уый афтæ фенхъæлдта, федта нæ æмæ, дам, мæнæй зæгъы. Рабад'1 æмæ фыййаумæ уæлейæ бынмæ дзуры: — Æз ма дын дæ усæн иу сом радтон, фæлæ дедтæ, тæрхæджы бын чи бабырыд, уый йын суари дæр куынæ радта! -Фыййау уый куы фехъуыста, уæд хæдзары дуар мидæ- гæй æигом æрæхгæдта æмæ æртæйæн дæр сæ «хæйрæджы- тæ» зæгъын кодта... Онгцъæлтæ сæ фæкодта, йæхæдæг йæ лæдзæг айста æмæ уыцы бопæй ацы бонмæ йæхи нал рав- дыста. НАД — РАЗВÆЛГЪАУ Раджы-ма раджы цардис æмæ уыдис иу кæлæнгæнæг базаргæнæг. Уый йæ хъуыддагмæ ахæм тынг арæхстис, æмæ-иу йæ къах кæм æрæвæрдта, уырдыгæй дæр-иу æм пайда уæлæмæ сдзырдта: «Мæнæ дæн, æргуыбыр кæн, дæу дæн — сис мæ!» Уый дæр ма-иу æндæр цы хъуыдис, æмæ цардæй тъæпп хаудта. Уыцы базаргæнæгæн уыдис иунæг лæппу. Уый афтæ рæсугъд уыд æмæ йæ лæг доннуазæны анызтаид; афтæ хæ. дæфсæрм, æгъдауджын лæппу уыд æмæ дæ цæсты куы ба- хаудаид, уæд æй нæ асæрфтаис. Фæлæ йæ фыд цæмæндæр нæ бауарзта, æмæ-иу æй исты хъуыддаджы фæдыл куы уыд арвитинаг, уæд-иу æй развæлгъау хъуамæ фæнадтаид. Иу хатт та йæ кæдæмдæр,,цыдæр æлхæнынмæ æрвыста . æмæ та лæппуйы дзæбæх федта. Уæд æм йæ сыхаг нал фæлæууыд, кауы сæрты йæм багæпп кодта, æмæ лæппуйы йæ фыды къухтæй байста: цæуыл æй марыс, цы ракодта. зæгъгæ? — Цыдæр ын хъуамæ балхæнын кæнон, æмæ мыййа1 куы фæсайды уа, гъе уымæн æй нæмын. — Гормон, æмæ нырма куынæ фæсайды. 361
— Æмæ иугæр куы фæсайды уа, уæд ма йæ нæмын цы пайда æрхæсдзæн? — æмæ та фыд йæ фыртмæ йæхи бай- вæзтытæ кодта. ПЫРЫНДЗЫ РАЙУÆРСТОЙ Ирæттæ æмæ имереттæгтæ сыхæгтæй рагæй цардысты, фæлæ сæ кæрæдзимæ нæ цыдысты. Фæстагмæ дыуууæ адæм» мæ дæр æгад æрзынд, зæгъгæ, нæ дон иу, æмæ нæ хъыг иу цæуылнæ хъуамæ уа. Гъе æмæ ахæм’’уынаффæ Куы бакод- той дыууæ адæмтæ, уæд йæ уæлвæд ирæттæм зиан æрцыд. Имереттæгтæн фадат фæцис æмæ хъыг кæнынмæ æрбацы- дысты сæ сыхаг ирæттæм. Æгъдау куыд амоны, афтæ тæ. фæрфæстæ фæкодтой. Цас æмбæлд, уыйбæрц фæхъынцъым кодтой æмæ марды куы бавæрдтой, уæд кæнды фынгыл фысымтæ сæ уазджыты рабадын кодтой, стæй сæхæдæг .дæр æрбадтысты. Имереттæгтæ сæхи хъахъхъæдтой, зæгъ- гæ, ирæттæм æндæр æгъдæуттæ ис, æмæ, зæгъ, сæ зæрдæ- худты ма бацæуæм, уыдон куыд кæной, мах дæр афтæ кæндзыстæм, æмæ кæд нæ фæрæдииккам! Æмæ афтæ дæр кодтой, сæ ныхас сæ зæрдыл дардтой æмæ сын алцы дæр цыдис нывыл. Æрмæст... Марды хицæуттæ фынг сног кæныны тыххæй пырындзы куы райуæрстой, уæд, æгъдаумæ гæсгæ, адæм уырдыг сыстадысты. Имереттæгтæ нырмæ сæхи хорз ба- хъахъхъæдтой, фæлæ ныр ирæтты уырдыгстгæ куы федтой, уæд афтæ фенхъæлдтой, фынг райхæлд, зæгъгæ, æмæ сæ хæдзæрттæм фæцæуæг сты. Уæдмæ хисдæр ног фынгæй рухс загъта æмæ адæммæ ’бахатыд, сбадут, зæгъгæ. Имереттæгтæ ирæтты æрбадгæ куы федтой, уæд: «фæсайды стæм уæддæр», — ныккатай "кодтой æмæ фæндагæй фæстæмæ сæ бынæттæм нал æрбаз- дæхтысты. ДЫУУÆ СЫХАДЖЫ Цардысты æмæ уыдысты дыууæ сыхаджы. Уыдонæй сæ иу уыд бонджын, иннæ та — мæгуыр. Бонджын сыхаг цар- ,дæй фиу æппæрста, йæ дынджыр фыдтæ зæххæн уæз код- той, мæгуыр лæгæн та йæ русты хур касти. Афтæмæй цар- дысты, сæ бонтæ ’рвыстон. Иуæн йæ дардыл фæллæйттыл цæст не ’ххæссыдис, иннæмæн та йæ исбоныл цæст нæ хæ- цыдис. Фæлæ сæ уæддæр алчи дæр йæхирдыгонау йæ цард ’кодта. Иу хатт куы уыдис, уæд бонджын лæг кæмдæр бæлцуа- :362
ты уыд, æмæ фæстæмæ хæдзармæ куы здæхтис, уæд уæл- бæхæй зæххыл иу къопп ауыдта. Лæджы зæрдæ йæм ба- хъазыд: «Цыфæнды ма уа, хъуамæ йæ хæдзармæ ахæс- сон», — ныдздзырдта йæм йæ зæрдæ. Æрхызт бæхæй, систг йæ. Къопп — егъау, диссаджы æхца æвæрæн. «Цыфæнды уа, хъуамæ йæ байдзаг кæнон æвзист æмæ сыгъзæрин æх- датæй»,— загъта бонджын лæг æмæ къопп йæ хæдзармæ æрхаста. Уыцы бонæй ацы бонмæ бонджын сыхаг фæцис хæйрæ- джыты ’лгъыст. Иæ хъуырмæ ницыуал уагъта. Цыдæрид- дæр ардта, æхца-иу сæ фестын кодта, æмæ кæс ды уымæ: къоппы-иу сæ ауагъта æмæ та-иу уырдыгæй ссыд сæ дзы- гъал-мыгъул. Цæуынц бонтæ, къуыритæ, мæйтæ, фæлæ къопп æнæбын уæрм фестад, цас дзы фылдæр æхца æппары, уыйас тынгдæр афтиды хъæр кæны. Бонджым лæгйæ хъуы- ры ницыуал уадзы. «Цыфæнды ма уа, уæддæр æй хъуамæ байдзаг кæнон», — дзуры æмæ йæхи нал сæтты. Фесæфт йæ зæрдæйы æнцой, ’ къоппы мæтæй баруад, бахус. Мæгуыр сыхаг та нырмæ куыд цард, афтæ йæ рæстæг æрвиты, кæд искуы хъазт, куывд, чындзæхсæв вæййы, уæд дзы зæрдæ- йы дзæбæхæн йæ рæстæг арвиты, æмæ та æхсæвы æнцад- æнцойæ адджын фынæй скæны. Афтæ цæуынц бонтæ. Кæсы йæ бонджын сыхагмæ мæ. гуыр лæг æмæ дис кæны, цы кодтаид, зæгъгæ, йæхи хуызæн куынæуал у, цы маст æй бавдæрзта? Иу бон куы уыд, уæд бонджын сыхаг йæхиуыл тынг ныхъхъуыды кодта, базыдта, ацы къопп мæ мæрдтæм æр- витдзæнис, зæгъгæ, æмæ йæ æд æхца йæ мæгуыр сыхагмæ бахаста: — Мæнæ дын къопп, цыдæриддæр мæм уыд, уыдон æх- ца фестын кодтон æмæ йын сæ йæ хъуыры ауагътон. Дæу фод, ницы мæ дзы хъæуы, цы ма фæцух, уый баххæст кæн, стæй дæ иу къах иннæ къахыл сæвæр æмæ цæр! Мæгуыр сыхаг тынг фæдис кодта. Бузныг загъта йæ бонджын сыхагæн æмæ къопп райста, стыр цинимæ йæ ба- хаста йæ хæдзармæ. Бонджын сыхаг куыддæр йæ къоппæй фервæзтис, афтæ æнцонæй сулæфыд, раст цыма йе рагъыл цæххыты æнæхъæн фæзгъæртæ уыд æмæ уыдон аппæрста, уыйау. Уыцы бонæй фæстæмæ бонджын сыхаг йæ фыццаг цард- мæ фæстæмæ æрыздæхт, йæ мидæг та уд бацыд, йæ рæ- хтæг раздæрæй еныр хуыздæр байдыдта æрвитын, фæстæмæ йæм æрыздæхт йæ раздæры бухъ цард. Уыцы бонæй фæстæмæ бынтондæр фендæр мæгуыр лæг: 363
искуы-иу суари куы ссардта, уæд-иу æй æрхаста æмæ та-иу æй къоппы ныппæрста. Мæгуыр лæг катайы ныххаудта, бон-иу куы ’рбарухс, уæд-иу хъуыды кодта: «Абон кæцæй цы ’рхæссон, мæ къэ:<л цæмæй байдзаг кæнон?. Бон-иу куы баизæр, уæд-иу æхсæв-бонмæ йæ цæстыл цъынд нал хæцы- дис, райсом цы хъуамæ бакæнон, зæпьгæ... Афтæ цыдысты бонтæ æмæ мæгуыр лæг ингæны къæсæрыл ныллæууыд, æнæуый дæр тынг диссæгтæй нæ уыд, æмæ дзы ноджы хуры тынтæ акастысты. Уды сымаг дзы нал баззад, хъазт, цин цы у, уый дзы ферох. Исчи-иу æм исты куы дзырдта, уæд- дæр-иу æй нæ бамбæрста, къоппæй дарддæр æм мидæмæ ницыуал хъуыстис. Мæгуыр лæг йæ уавæрыл бирæ фæхъуыды кодта, ай, зæгъ, цы хингонд фæдæн, зæгъгæ, æмæ бамбæрста, аххосаг иууылдæр къоппы мидæг кæй ис, уый. Сыстад æмæ йæ бон- джын сыхаджы кæрты æд къопп балæууыд. Бонджын лæг йæ сыхаджы къоппнмæ куы ауыдта, уæд базыр-зыр кодта, афтæмæй йæ размæ рацыд. — Дæ хин дæ сæрæй дарддæр макуыдæм ацæуæд,— загъта мæгуыр лæг æмæ йæ бонджын сыхаджы къухты къопп фæсагъта. Уыцы бокæй фæстæмæ та мæгуыр лæгмæ йæ фыццаг хъæлдзæг рæстæг æрыздæхт, бонджын сыхаг та хъæдуры цъарау хусæй-хусдæр кодта. ÆХЦАЙЫ ГОЛЛАГ Дыууæ лæджы сæ балпы кой сыпдæггай кодтой. Даргъ фандаг пымыдисоп ныхас цыбыр кæны, уый зыдтой, æмæ сæ алчи дæр архайдта æз хуыздæр, æз дпссагдæр хабар радзурыныл. Уалынмæ кæсынц æмæ дыууæ хæпрæджы, стыр лæдзгуытæ сæ къухты, афтæмæй педзаг голладжы нæ- мынц. Дыууæ лæджы сæм куы бахæццæ сты, уæд сæ афарс- тон: — Цы нæмут уый, цы уын ракодта? — Мах никæй нæмæм, æмæ нын стæй кæпгæ дæр нипы ракодта. — Уæдæ уый цы нæмут, уæ голладжы цы ис? — Нæ голладжы ис лæгмар, æмæ йæ хъуамæ амарæм. — Кæд лæгмар у, уæд ын раст кæнут, фæлæ уæд нæ нæф- тæм йæ хъæрзын куыд нæ цæуы? — Аиы голладжы" лæг нæй, уым’ ис æхцатæ, æмæ сæ хъуймæ скуынæг кæнæм, æхца лæгмар у! Уыцы ныхæстæм дыууæ лæджы кæрæдзимæ бакæстытæ 364
кодтоп, цыдæртæ адзырдтой æмæ стæй хæйрæджытæм ба- хатыдысты: — Кæд афтæ у, уæд сæ махæп радтут, мах сыи исты хос кæниккам. — Æхца æлгъыст у, фæрæдппын уæ кæкдзæн,—загътой хæйрæджытæ æмæ та рапдыдтоп голладжы фæрстæ уыцы стыр лæдзгуытæй иæмым. Дыууæ лæджы се ’хсæн бацыдысты. — Цæй, кæд, уæддæр фыдбылыз махыл цæудзæн, æмæ нын уæ голлаг æхца ?,:а бахæлæг кæнут,.æфсымæрты хуы- зæн стæм æмæ нæ æхцайы тыххæй иу иннæпы хъыджы пæ бацæудзæы. Хæйрæджытæ дыууæ лæгмæ бакастысты, æмæ æхцайы голлаг зæрдиагæп курымц, уып куы фгдтоп, уæд сын æй радтой, æрмæст ма сæ ноджыдæр афæдзæхстой: — Æхца æлгъыст у, уæхи дзы хизут!.. — Уымæй ныл уæ зæрдæ дарут, — загътой бæллццæттæ æмæ æхцайы голлагимæ цингæнгæ сæ фæндаг сæ хæдзæрт- тæм цыбыр кæпын байдыдтоп. Цъус фæцыдысты æви би- рæ, иу ран тынг сæххормаг сты. Сæ иу загъта: — Æз æхцаты цур фæлæудзыыæн, ды уæртæ хъæумæ ауай æмæ хæринаг самал кæн. Æцæгдæр афтæ бакодтой. Куы фæхицæнтæ сты, уæд сæ алкæй риуы дæр фыдбылызы хъуыды, залйаг калмау, баз- мæлыд... Лæппу хъæуæн кæрдзын* рахаста æмæ хъуыды кæны, ныр æнæхъæн голлаг æхца мæпæн куы баззаиккой, уæд ма мæ цæрынæн цы хъæуы, зæгъгæ, æмæ кæрдзыныл марг ныккодта, афтæмæп æрбазынд йе ’мбалмæ. Уæдмæ уый дæр æнцад-æнцойæ нæ бадтис. Фыдбылызы хъуыды уый зæрдæйы дæр базмæлыд. Куыддæр йе ’мбал æрбазынд, афтæ йын йæ риумæ фат фæцарæзта æмæ де ’взæрмæ бæл- лæгыл дæр уый бон акæнæд, йæ зæрдæйы кæрдихт^е дыууæ оны астæуæй акалдысты. Марæг иунæгæп куы баззад, уæд цингæнгæ йе ’мбалы къухæй кæрдзын стыдта, адджынæи дзы ахæрдтытæ кодта æмæ йæ уд систа. Дыууæ хæйрæджы сæм дардæй сæ хъус дардтой. Лæп- путыл цы бæллæх сæмбæлд, уый куы фодтон, уæд æрба- цыдысты æмæ се ’хцайы голлаг ахастоп. МÆГУЫР ЛÆДЖЫ ФЫРТ — УСГУР Раджы, тынг раджы, цардис æмæ уыдис иу æлдар. Уы* мæн уыд диссаджы рæсугъд чызг, хур йæ дæллаг хъуырæй худтис, мæй та йæ дзыккутæй, зæрин цæппузырау, зæбулæй 365
æрттывта. Цы бæстæй, пы хæхтæй нæ цыдысты чызгма? курджытæ, фæлæ ком никæмæн лæвæрдта. Иу хатт куьг уыдис, уæд æм мæгуыр лæджы фырт дæр æрцыдис усгур. Æлдары чызджы хъæздыг усгуртæ мæгуыр лæджы фыр-, тæн йе ’рцыды аххос куы базыдтой, уæд дзы хъазæнхъул ацаразын æрфæнд кодтой, зæгъгæ, йыл нæхи аирхæфсæм. Асидтысты мæгуыр лæджы фыртмæ, нæ размæ нын хæрд æмæ нозт æрдав, зæгъгæ. Мæгуыр лæджы фырт нæ фæ- тыхстис, æрхаста сын хæрд, нозт æмæ сын загъта: — Хæрут, мæ хæрæгæн дæр йæ разы куы ницы ’рывæ- рин, уæд сыдæй амæлид! Æлдæртты фырттæн сæ дзыхтæ къæппæй аззадысты. Æлдары чызг сæм аивтæй йæ цæст дардта æмæ лæппуйы дзуапп куы фехъуыста, уæд йæхимидæг фæцин кодта: æх- сызгон ын уыдис мæгуыр лæджы фырты цыргъ дзуапп. «Хуымæтæджы лæппу нæ уыдзæнис», — сдзырдта йæхи. мндæг. Уæдмæ та æлдæртты фырттæ се ’муд æрцыдысты, æмæ та сæ къуыдипп сæртыл бæрзонд схæцыдысты. Æнæуый та сæ зæрдæты хъæстæ кæлмытæ бацард. Агуырдтой амал, мæгуыр лæджы фыртæн уыцы ’фхæрд тайын ма бауадзæм, зæгъгæ. Иуахæмы та йæм сæхимæ æрбасидтысты, иудзæв- гар æнæдзургæйæ фæхæцыдысты сæхиуыл, стæй йын се ’ппæты бæсты дæр сæ иу афтæ зæгъы: «Æппын дæхи хор-до- ны хъæстæ нæ кæныс, хур дæ куы кæсы»? Мæгуыр лæджы фырт та сын сæ дæлгоммæ ныхас бамбæрста, ахъазын сæ кæй фæнды, уый, æмæ та йæ æппæт адæм куыд фехъуыста- иккой, афтæмæй загъта: «Нард уæвын комахсæйнаг хуыйæ дарддæр никæуыл фидауы». Æлдæртты фырттæн се ’взæгтæ ныххаудтой. Æлдары чызг ацы хатт пæхи нал ,баурæдта, йæ фыдмæ бацыдис, йæ сæрæй йып акуывта æмæ йын стæй афтæ зæ- гъы: — Кæд мæ моймæ дæттыс, уæд мæ ацы лæппупæ дард- дæр ничи хъæуы, уымæй дарддæр моймæ никæмæ фæцæу- дзынæн. Æлдар йæ чызджы цæстытæм нымдзаст, йæ зондыл ын æууæндыд æмæ æрæджиау, чызгæн дзуапп радтыны бæс- ты, лæппумæ хуын арвыста. Чызджы дæр ма æндæр цы хъуыдис? Адæм фæйнæрдæм алæууыдысты, чызгæн фæн- даг алыг кодтой. Хуын фенгæйæ лæппу ныкъæмдзæстыг, йæ зоныгуылтыл æрхауынмæ йæ бирæ нал бахъуыд. Фыд йæ цæст^ дардта лæппумæ. Уæдмæ лæппу къæмдзæстыгæй айста хуын. Сыкъа хурмæ сдардта, сгуы цыппар хатты хъен слæу- 366
уын кодта, кæрдзыны карст йæ армы æрбалхъывта æмæ сæ стæй фæстæмæ чызгмæ радта. Чызг ницыуал сдзырдта,, афтæмæн хуын фæстæмæ рахаста. Уæды онг лæппуйы митæ фыды зæрдæмæ цыдысты, фæ- лæ уыцы ныв куы федта, уæд йæ масты дзæкъул адæнгæл, фæлæ хиуылхæцгæ лæг уыд, йæ маст апыхъхъуырдта æмæ йæ чызгмæ буцгомауæй дзуры: — Цы дын кæнон, мæ къона, мæн дæр фæндыд, фæлæ> уыцы лæппуйы нæ бафæндыд æлдарæн сиахсиуæг кæнын, нæ нуазæнæй нæ ацаходыдта, афтæмæй пæ раздæхта. Чызг йæ фыды дæлгоммæ ныхасыл ахуыр уыд æмæ йын афтæ зæгъы: — Баба цæра, уыцы кæйдæр лæппуйы, æвæццæгæн, нæ бамбæрстай... — Уæдæ цы нысан кæнынц æппæт уыдæттæ? — Сыкъа хурмæ куы сдардта, уæд нын хæдзарæн куыв- та, а-хæдзарыл, дам, макуы аныгуылæд æмæ, дам, дзы уа- зæгæн йæ лæггады хай макуы байсæд. Сгуы та цыппар хатты хъен уымæн слæууын кодта æмæ дын дæдыууæфыр- тæн акуывта, зæгъгæ, дам, хъамбул уæраг уæнт, зындзи- нæдты, дам, фæтасын ма комут. Кæрдзын та йæ армы куы балхъывта, уæд æй зæгъын фæндыд, зæгъгæ, кæй къухты дæ, уый, дам, дын зоны дæ аргъ. Чызджы ныхæстæ фыды зæрдæйы цины уылæнтæ ален- чытæ кæнын кодтой. Адæмы астæумæ рацыд, йæ цæст сыл ахаста æмæ стæй сдзырдта: — Мæ чызг йæхицæн мойаг равзæрста, абонæй фæстæмæ мæгуыр лæджы фырт уыдзæнис ме сиахс. Йæхимæ йæм æр- басидт, йæ ныхæн ын апъа кодта, фыды рæвдыд æй бакод- та. / Æлдæртты фырттæ, уый фенгæйæ, сæ кæрдтæ фæцъортт ластой, фæлæ мæгуыр лæджы фырты цæхæр цæстытæм куы фæкомкоммæ сты, уæд кæрдтæ сæ къухтæй бур сыфтæр- тау æрызгъæлдысты, ахæм диссаджы тыхджын миниуæг уыд мæгуыр лæджы фырты цæстытæн. Æлдæртты фырттæ сæ хæдзæрттæм хъилхъус тæрхъусты лыгъд фæкодтой. Æлдар иу абонæй иннæ абонмæ чындзæхсæв фæкодта. Стыр хæйттæ бакодта йе стыр фæллæйттæй йæ чызг мæ йе’ сиахсæн. Фæлæ сиахс йæ æлдары лæвæрттыл не сразы. «Удыгас адæймаг цæттæ фæллæйттыл ма хъуамæ зи- ла», — загъта æмæ йæ рæсугъд, зондджын усы йæ хæдзар- мæ æркодта. Радзырдта сæ До/суссойты Хъайтыхъо 7/Ш—67 аз. ^ 367
ГУЫРДЗИАГ ЮМОР — Цахæм куыст агурыс? — Исты рог куыст... Мызд æмæ бынат хорз кæм уа æмæ дзуапп дæттын та къаддæр кæм хъæуы, ахæм... — Ахæм нæм нипы ис, мæ бынатмæ дæ кæм снысан кæн- дзынæн. • ’ * * — Ды-иу кæддæриддæо æмбырдты мидæ/ критикæ код- тап, æмæ ацы хатт, нæ ханады хицауы æвзæр куысты тых- хæй куыд ницы загътай? — бафарстой иу лæджы бынæт- комы рабадты фæстæ. — Фарон æй куы критикæ кодтон, уæй æй хæдивæджы бынатæй хицауы бынаты авæрдтой æмæ нæ, мыйпаг, управ- ленийы хисдæрæй куы баурæдтаиккон, уымæй тарстæн. Хисдæр йе ’мкусæгмæ кабинртмæ фæсидт: — Мæзæрдейæ мæ адæм бюрократ’ хонынц æмæ мын æй цæуылнæ бамбарын кодтай? — Рагæй мæ фæндыд дæуæн аны дам-дум зæгъын,— дзуапп радта йе ’мкусæг, — фæлæ кабниетмæ никæп истай, æддæмæ рацæугæ та дæ никуы федтон æмæ ны бакодтаин? 368
* * * — Де ’фсымæры къухы куыд бафтыд ног фатер райсын? — Бирæ хæттыты райста, мæ зынаргъ, æмæ йæм ныр иог фатер райсынмæ стыр фæлтæрд^дзинад ис. * * * — Æмбырды бирæ дзырдтай: хи куыд дарын хъæуы, уый тыххæй, цехы та бирæгъæй лæууыс. — Æмæ цы?.. Ам дæр исты æмбырд у! * * * — Æнхъæл дæн, æгæр фæдзырдтон... Мæ ныхæстæ ком- коммæ нæ хисдæрæн йæ зæрдæныл æмбæлдысты. — Уымæй йын ма тæрс... Ницы йын ракæндзысты, ду- рæй зæрдæ йын ис. * * * Иу пациенты рентгены акæсын кодтой. — Мæ сæры кæд рак ис, уæд æй алкæмæн ма зæгъут, — фæдзæхста уый. — Уый тыххæй ма тæрс, — ныфс ын бавæрдта дохтыр, — дæ сæры бынтондæр ницы разынд. — Кæд дын хуыцау ис, уæд уый дæр макæмæн радзур! * * * 1 — Ацы уацмыс лæмæгъ у. — Уый хыгъд йæ автор тыхджын у. * * * — Куыд цæуы дæ чиныджы мыхуыры хъуыддаг? — Дæу куыд фæнды, афтæ. — Цы, нæ дын æй мыхуыр кæнынц? * * * — Айбæрц æмдзæвгæтæ иууыл дæхи фыст сты? — Нæ, æз æрымысыдтæн, æмдзæвгæтæ чи фыссы, ахæм машинæ. 24. Харебаты Л. 369
— Уæдæ ма æххæст иу хорзракæн æмæ, ацы æмдзæв- . гæтæ кæсгæйæ æхцондзинад чи райса, ахæм машинæ дæр æрымыс’ * * * Куыдз гæдыйы фæцæйсырдта. Хуы йæ фæурæдта: — Цы йын дæ зæрды ис, цы дын ракодта? — Куыдзы фырт мæ схуыдта. — Кæс-ма ныр уымæ!л Афтæ у, а? Ма йын æй ныббар, афтæ йын хъæуы. Аеды мæн та хуыйы фырт схуыдта. * * * — Ныр мæ боныфæстагмæ бауырныдта, æдзæсгом лæг дæ æнæхъуаджы нæ хонынц. — Цæмæн мыл мысыс, æдзæсгом нæ, фæлæ мæн адæм дыдзæсгом хонынц. * * * Иу лæг рæсугъд идæдз усы алыварс зилын райдыдта, уæгъд æй нал уагъта. — Дæ фенд мын мæ лæджы æрымысын кæны, — загъта йын идæдз ус. — Æцæг, мæ зынаргъ?! — сцин кодта. — Ай-айдæр, бынтондæр дæ ме сæфт уынын. * * * — Æз ныр стыр дæн. Мæ мадæн йæ алы ныхас цæмæк хъуамæ æххæст кæнон, — загъта фырты фырт йæ фыды ма- дæн. — Дæ фыд дæуæй хисдæр у,'фæлæ уый дæ мады алы ныхас дæр æххæст кæны, — бамбарын ын кодта зæронд мад. ФÆСАРÆЙНАГ ЮМОР * * * Лæппу машинæ баурæдта æмæ шоферæн дзуры:. ’— Скъолайы онг ма мæ бадав. 370
— Æмæ æз æндæр ранмæ куы цæуын. — Уый та ноджы хуыздæр... * * * — Гыцци, — фæрсы лæппу йæ.мады,— бабэ æдзухдæр нæ уатæфснайæг Жзчлæйы йæ зæды хай цæмæн фæхоны, базыртæ йын бынтондæр куынæ ис. — Тыхсгæ ма кæн, мæ къона, тагъд æй фендзынæ нæ хæдзарæй атæхгæ. * * * Ахуыргæнæг федта магнитофоны тыххæй рекламæ, ууыл фыст уыдис: «Магнитофоны фæрцы гæнæн ис æмæ ахуыр кæнай фынæйæ ’дæр». — Æмæ уый цас диссаг у! — загъта ахуыргæнæг. Мæ къласы цы æртын ахуыргæнинаджы ис, уыдон се ’мбисы бæрц пайда кæнынц уыцы методæй, æрмæст æнæ магнито- фонæй. * * * Эденбурджы газеттæй иуы редакцимæ фыстæг æрбар- выста йæ кæсæг ахæм мидисимæ: «Кæд æмæ уæ газет, шотландиæгтæ, чъынды сты, зæгъ- гæ, уый тыххæй нæ ныууадза анекдодтæ фыссын, уæд æз уæ гæзет мæ сыхагмæ никуыуал ратдзынæн». * * * Дуректор фæсидт кадрты хицаумæ æмæ йын бардзырд радта: — Нæ кондады ссар æвзонг, курдиатджын æмæ *ъуыдг даг аразынмæ æвзыгъд чи уа, бахъуыды рæстæджы мæн раивын йæ бон кæмæн суа, ахæм адæймаджы. — Æмæ йын цы ми бакæнон? — Куыддæр ахæм разына, афтæ йæ куыстæй ссæрибар кæн. 371
* * * Дыууæ лæджы ныхас кæнынц тыргъы, афтæмæй сæ цур- ты рацæйцыд ног машинисткæ, уый уыдис тынг рæсугъд, гуырвидыц чызг. Лæгтæ йæ куыддæр федтой, афтæ йыл сæ цæст æрæ- вæрдтой, сæ иу сдзырдта: — Бæдæйнаг, цы диссаджы рæсугьд у! — Æмæ уæд фондз сывæллоны та? — Æнцад-æнцойæ сдзырдта дыккаг. — Уымæн? — Уымæн нæ. Дæхиуæттæ дæ рох сты? * * * — Коли, дзурынæй та ноджы æвзæр бæрæггæнæн райс- тай, куыд дæм кæсын, афтæмæй дæ, ахуыргæнæг цæмæй бафæрсы, ды уый нæ бамбарыс. -т-Баба, афтæ нæу. Ахуыргæнæджы æз æмбарын, фæлæ æз цы фæдзурын, уый ахуыргæнæг нæ фембары. * * * Италиаг композитор Спотинийæн уыд бирæ ордентæ, дардта сæ арæх. Иухатт Венæйы оркестримæ репетици куы кодта, уæд иу музыкант иннæмæ бадзырдта: «Кæс-ма, Спо- тинийæн куыд бирæ ордентæ ис, афтæмæй та Моцартæн иу дæр нæ уыд». Спотини немыцагау зыдта, фæзылд æмæ дзурджытæп дзуапп радта: — Мæ хæлар, Моцарты ордентæ бынтондæр ницæмæн хъуыдысты, уый Моцарт уыд... * * *. — Дæ ног сыхæгтæ исты адæм сты, мадам? — Раст дын куы зæгъон, уæд сын тынг нæ цымыдис кæ- нын сæ хабæрттæм. Æрмæст усæн ис дыууæ уарзоны, лæг та æртæ хатты бадтис ахæстоны. Æндæр сын ницы зонын сæ царды уагæн! 372
* * * Заводы директормæ йæ ус æнæнхъæлæджы æрбацыд кабинетмæ. Баййæфта дзы замманайы рæсугъд чызг — се- кретаршæйы. — Лайош, афтæ-иу мын куы дзырдтай, мæ секретаршæ ’ зæронд ус у, зæгъгæ. — Æмæ цы... дзырдтон, — фæтыхстис директор, — дзырд- тон æмæ цы? Фæрынчын æмæ йæ бæсты чызджы æрбарвыс- та... Хæдтæхæгæй рагæпп кæнгæйæ, иу парашютист дзуры иннæмæ: — Цы ма бакæнои, Джим? Мæ парашют нæ райхæлд. — Тæхуды, дæуæн æй зæххыл тухын нал бахъæудзæн. # # # — Нал дæн иухатты рæсугъд, — хъынцъымгæнгæ загъта, æдзух дидинтæ чи уæй кодта, иу ахæм сылгоймаг. — Цæмæй бæрæг у? — А-фæстаг рæстæджы нæлгоймæгтæи лыстæг æхцатæ куы радтын, уæд сæ нымайын райдайынц. * * * I Чысыл Анна-Мария хæдзарон куыстытæй скъолайы райс- та æвзæр бæрæггæиæн æмæ, хæдзармæ æрбацæугæйæ, йæ мадæн ныфсытæ æвæры: — Нана, бынтондæр ма тыхс, абон нæ къласы иунæг ды нæ райстай æвзæр бæрæггæнæн... * * * — Иу форинт мын нæ р&тдзынæ,- трамвайы хъуамæ ацæуон. — Хъыгагæн, дыууæ форинты мæм ис æмæ лыстæг нæу... — Ницы кæны, ратт мын æй, таксийыл ацæудзынæн. 373
— Дæ зæрдæмæ цæуы нæ балет? — Цæуылнæ, æр^&ст æз иу хъуыддаг нб ’мбарып: чыз- джытæ дзы сæ къахфындзтыл цæмæн фæцæуынц, афтæ гæ- нæн нæй æмæ, развæлгъау балетмæ бæрзоыд чызджытæ райсой? * * * Иу лæджы машинæ ныццавта æмæ йæ къах асасти. Лæг шофырыл бахъаст кодта æмæ дзы æрдомдта фæндзай мин форинты. — Ды, æвæццæгæн, афтæ æнхъæлыс æмæ æз миллио- нер дæн, уæд рæдийыс, — зæгъы шофыр цæфæн. — Æмæ ды афтæ æнхъæлыс мæныл дыууиссæдз къахы ’рзад? * * * Лондоны иу хæрæндоны хицау хъаст кæны милицийы хицаумæ: — Цытджын инспектор, уæртæ мæ уыцы лæвархор до- мы, цæмæй йын æз æнæаргъæй виски бадарон, акæн-ма йæ уæхимæ. — Уæд цæмæн? Афтæ æнхъæлыс æмæ махмæ виски лæвар у!? # # # Мад дзуры йæ чызгæн: — Æрвылизæр дæр-иу музыкæ куы цæгъдай, уæд дын дæтдзынæн дæс пфенинджы. — Уый мæнæн мæ къух нæ аразы, — дзуры чызг, —æз музыкæ кæй нæ фæцæгъдын,'уый тыххæй мын нæ сыхæгтæ æрвылхатт дæр бафидынц ссæдз пфенинджы. * * * Иу хæдзары уыд зынаргъ уазджытæ. Фысым иу фынд- ’. дæс хатты уæддæр бацыд буфетмæ нозтмæ. Ус æй ^бафип- "374
пайдта æмæ йын дзуры: — Уазджытæ цы зæгъдзысты, æдзух дæ буфетМæ цæугæ куы уынынц, уæд? — Мæн тыххæй ма тыхс, зынаргъ, æз сын фæзæгъын, зæгъын, нозт мæхицæн нæ, фæлæ ме ’фсинæн хæссын. * * * — Абон æз дæн стыр амондджын. — Уæд цæмæй? — Æз арæзтон, æрмæстдæр мæхи цы фæндыд, уый. — Æмæ дæ цы фæндыд? — Мæн бынтондæр ницы аразын фæндыд. * * * Голливуды чи хъазыд, иу ахæм артист ус ракуырдта. Ие ’мбæлттæ йын арфæтæ кæнынц: — Нæ хæлар, ахæм рæсугъд ус ды рагæй нал ракуырд- тай. * # # Капитан науы журналы ныффыста: «Штурман абон уыд фыдрасыг». Цалдæр боны фæстæ штурман ныффыста жур- налы: «Капитан абон уыд æрвонг». * * # Дыууæ зæронд лæджы ныхас кæнынц. — Зоныс цы, — дзуры сæ иу, — мæнмæ фæстæмæ æрыз^ дæхт ме. ’взонджы бонты тых. — Цæмæй йæ базыдтай? — Цы зонын мын æй хъæуы? Уыныс, æстдæс азы мыл куы цыд, уæд дæр уæртæ уыцы дур феггуырсын кæнын нæ фæрæзтон, ныр дæр та йыл мæ тых фæлвæрдтон, æмæ та йын уæдæй хъауджыдæр мæ бон ницы бацис. * * * — Фæстаг хатт цуан кæныны рæстæджы амардтон иу тæрхъус æмæ дыууæ бабызы.
— Уый саразын мæнæн мæ бон нæ бауыдаид. — Цы? Æхсын? — Нæ, ахæм мæнг ныхас зæгъын. * ** Нервопотолог фæрсы пациенты: — Ахæм хабар дыл искуы æрцыд: хъусгæ кæныс, фæлæ нæ фæзоныс, чи дæм дзуры, æмæ кæцæй, уый. — Тынг арæх, дохтыр. — Уæззау цау у! Кæд дыл æрцæуы афтæ? — Телефоны куы фæдзурын, уæд. * * * Æвзонг ус фæрсы йæ лæджы: — Цы зæгъдзынæ, мæ зынаргъ, сихор дæ зæрдæмæ фæ. цыдис? — Цæхх тынг хорз уыдис, фæлæ ма йыл цъус дон дæр куы акодтаис, уæд... . * * * N ! — Дæуæй зæгъынц, романтикон æгъдауæй, дам, æрха- ста ус. Æцæг раскъæфтай дæ усаджы? — О. — Æмæ йæ ныййарджытæ уæ фæстæ нæ рацыдысты? — Рацыдысты, — Æмæ уæ раййæфтой? — Раййæфтой нæ æмæ ныр махимæ цæрынц. Иу ус дзуры иннæмæн: — Хъусыс, уыцы цъаммæрттæ мын мæ лæппуйæн рат- той дыууæ азы. \ч — Æмæ цы, ницы аххосджын уыд? — Уый мын уыд æппæтæй хуыздæр, цыдæриддæр-иу радарта, фæстаг капекмæ дæр сæ лæвæрдта мæнмæ. 376
* * * — Цытджын директор! Мæн уырныдта, æввахс рæстæ- джы мын стырдæр бынат ратдзынæ æмæ, зæгъын, уыимæ* фæфылдæр уыдзæн мæ мызд дæр. — Мæн нæ хъæуы, дзæгъæлы фæндтæ чи кæна, ахæм. Дæ куыстæй сæрибар дæ! * * * Иу мад æппæлыд: — Æз ныййардтон æмæ схъомыл кодтон æртæ чызджы, æртæйы дæр радтон моймæ. Уый фæстæ æртæйы дæр сæ мæйттæй ахицæн кодтон. Æндæр ма цы домдæуа ныййа- рæгæй? * * * Нынчын марди. Дохтыр, цæмæй рынчыны зæрдæ фæфи- дардæр уыдаид, уый тыххæй дзырдта: у — Дадзины (пулсы) куыст у нывыл, зæрдæ æмæ рæу- джыты куыст дæр афтæ, дæ тæвд дæр æрхаудта... — Иттæг хорз, — дохтыры фæурæдта рынчын, — æз мæ- лын æнæнизæй! * * + I Лæг йæ усæн дзуры: — Мæ зынаргъ, мæ "кæсæнцæстытæ кæм авæрдтон, уый’ нæ хъуыды кæныс? — Ницы сын хъуыды кæнын! — Æмæ уын уымæн фæзæгъын, сымах æппындæр ницы хъуыды кæнут. * * * — Зылынджын, дæхи мауал рæстытæ кæн, дæу уыцы-* мард сылгоймаджы уæлхъус федта фондз адæймаджы. — Гæнæн ис, чизоны мæ федтой фондзæй, фæлæ уæм< æз æрбакæндзынæн мин адæймаджы, кæцытæй мæн æп- пындæр ничи федта уыцы мард усы уæлхъус. 377-
* * * — Мæ зынаргъ Иола, — иу æвзонг нæлгоймаг цин<кæны чызгыл, — ды дæ мæ иунæг удлæууæн ацы дунейы. — Мæ арт куыд бауазал! Цы дыл æрцыд! Дæ автомо- бил ма ныппырх кæнай? * * * — Цымæ сылгоймæгты ’хсæн футболæй хъазыны хъуыд- даг сындæг цæмæн рæзы? — Æмæ уым диссагæй цы ис? Кæй бон у æмæ ссара иуæндæс сылгоймаджы, уыцы иухуызон кастюмты хъазæк фæзмæ рахизыныл чи сразы уа, ахæмтæ. * * * — Æз скъоламæ нал ацæудзынæн,—загъта саби йæ мадæн. — Цæуылнæ? — Уымæн æмæ æз нæ кæсын зонын, нæ фыссын, ахуыр- тæнæг та мæ дзурын нæ уадзы. Уæдæ ма дзы цæмæ цæуон?! * * * — Мæ зæрдæ тыхсы, лæг гæды ахаста, хъуамæ, дам, æй фурды астæумæ бахæссон æмæ йæ уым аппарон, — дзу- ры иу сылгоймаг йæ сыхагæн. — Ма маст кæн, уæ гæды сахаты фæстæ æрбаздæхт, — бафиппайдта сыхаг. * * * Стюардессæ хæдтæхæджы конякæй хаты сауджынмæ. — Æмæ уæд цы бæрзæндыл стæм, уый уал мын куы .зæгъис? — Аст мин метры бæрзæндæны. — Уæд мæн ныууадз, хуыцаумæ æгæр æввахс дæн æмæ... 378
Футболæй хъазты рæстæджы æппынæдзух чи хъæр код- та, иу ахæм футболуарзæг æрæджиау катайгæнгæ сдзырд- та: — Æвæццæгæн, æз мæ хъæлæс фесæфтон. Сыхаг ын загъта: — Ма тыхс, мæ галиу хъусы йæ ссардзынæ. * * * Иухатт аходæнгæнгæйæ, ус дзуры йæ мойæн: — Джон, дысон ды фынæйæ дзырдтай. — Æнхъæлын, дæ дзурынæй дæ нæ фæиртæстаин. * * * Денджызы йæ зæрдæ кæмæн хæццæ кодта, иу ахæм бæлццон афарста капитаны: — Зæгъ-ма мын, разæй уый зæхх у æви? — Нæ, горизонт у. — Уæддæр бузныг хуыцауæй, цæйнæфæлтау дзы æппын мацы уыдаид, фæлтау дзы уый уæд. * * * Ус дзуры йæ мойæн: — Æз бакастæн тынг цымыдисон уац. Уым дзырдæуыд лæг ус куы ракуры, уæд, зæгъ, бæрæг фæзондджындæр вæййы. Лæг ын загъта: — О, фæлæ уый æгæр æрæгмæ вæййы. * * * Ахуыргæнинаджы фыццаг хатт акодтой концертмæ. Куы ’рбаздæхт, уæд æй йæ фыды мад бафарста: — Вилли, концерт дæ зæрдæмæ куыд фæцыд? — Ницы уадиссаг, хицæн зарæггæнджыты-иу бар-æнæ- бары бахъуыд сæ зарæг дыккаг хатт акæнын. 379
* # * — Уæдæ афтæ, ды равдыстай æхсардзинад, капитан, бархионтæм куы фæсидт, уæд ды иу къахдзæф размæ ра- лæууыдтæ? — Бынтондæр нæ, ме ’мбæлттæ куыддæр капитаны ны- хас фехъуыстой, афтæ фæйнæ къахдзæфы алæууыдысты фæстæмæ, æмæ æз та мæ бынаты лæугæйæ аззадтæн. * * * — Куыд хъуыды кæныс, Фриц, ацы санаторийы хостæ искæмæн æххуыс кæнынц? — ус фæрсы йæ мойы. — Ууыл дызæрдыг нæ хъæуы, кæсыс, ам чи кусы, уыдон се ’ппæт дæр куыд цæрдгъуыз сты, уымæ. * * * — Чингуытæ сты мæ хуыздæр хæлæрттæ! — Æмæ дын уæд сæ сыфтæ æнæлыг цæмæн сты? — Ау, уый та куыд, мæ хæлæрттæм мын кард исын кæ- ныс? * * * — Аххосджын, ды дæ сыхаг сылгоймаджы схуыдтай хъуг, афтæ уыд? — Бынтондæр нæ, æз уымæн йæ чызджы схуыдтон род. * * * — Куыд базыдтай къæрныхы? — фæрсы полицæйы хис- дæр полицæйаджы. — Усы дарæс йæ уæлæ, афтæмæй ахызт цалдæр витри- нæйы фæрсты, æмæ ног модæйыл хуыд къабатæм фæрсмæ дæр нæ фæкаст. «Æнæмæнг нæлгоймаг у», загътон мæхи- цæн æмæ нæ фæрæдыдтæн. 380
* * * Ахуыргæнæг дзуры ахуыргæнинæгтæн: — Уазалы алцы дæр кæны æмпылгæ. Чи мын зæгъдзæн ахæм æнгæс цæвиттон? Петер сыстад æмæ загъта: — Ныр базыдтон, ахуыргæнæг, зымæгон каникултæ хæрз цыбыр цæмæн вæййынц, уый. * * * Лондоны дыууæ нæлгоймаджы ныхас кæнынц: — Кæмæй у дæ мыггаг? — Шекспир. — Иттæг хорз! Ацы мыггаг тынг популярон у. — Мæнæй-ма, æз æрвылбон дæр æхсыр уæй кæнгæ-кæ- нын Лондоны уынгты æрзилын ссæдз хатты. * * * Поездыл цæуынц дыууæ англисаджы. Сæ иу банантæ стигъы, цæхх сыл айзæры æмæ сæ рудзынгæй фехсы. — Бахатыр кæн, сэр, фæлæ афтæ цæмæн кæныс? — Нæ уарзын цæхджын банантæ. Лæг: Мæн нæ фæнды æмæ ды дæ дзыккутæ ахурай. Ус: Æндæр ма цы?! Æмæ дæ сæр куы слæгуын, уæд ды мæн бафарстай? * * * Лæг хæдзармæ æрбацыд, йæ ных сырх ахорæнæй — ахуырст. — Уый былтæ сæрдæн помадæ у?! — Мæстæй ацæхæра- джынтæ ус. — Нæу цытæ дзурыс, туг у, фæндагыл цæугæйæ,сарæз- тон авари æмæ мæ ных æрхастон рулмæ. — Кæд афтæ у, уæд уый дæ амонд уыд. 381
Техасæй чи æрцыд, иу ахæм туристы фысым акодта Эйфелевы мæсыгмæ. Уый йæ куыддæр федта, афтæ дызæр- дыггæнгæ сдзырдта: — Ныр æз ам дæн æстæм хатт, фæлæ дзы нырма ницы ивындзинад æрцыд. Æвæццæгæн дзы нефт нырма дæр не ссардтой. • *• — Карлсон, куыд ис уый гæнæн, æмæ ды куысты рæстæ- джы ацæуай дæ сæр æлвынынмæ. — 0, фæлæ, цытджын директор, сæрыхъуынтæ куысты рæстæджы дæр цæуынц. * * * Фæндаггон фæрсы автомобилскъæрæджы: — Æппынæдзух рынчындоны алыварс цæмæн зилдух кæныс? — Зоныс цæмæн, æз нырма абон сбадтæн рулыл. * * * Чызг фæрсы йе ’мбал чызджы: — Дзæбæх чиныг кæсыс? — Тынг цымыдисон у, æрмæст йæ кæрон фæуд кæны трагикон æгъдауæй. — Цы хабар дзы æрцæуы? — Зоныс цы, æппæты фæстаг сæры хъайтар фæстæмæ здæхы йæ усмæ. • * « Цæрæнбонты ахæстоны фæбадын кæмæн стæрхон код- той, ахæм дыууæ лæджы, ахæстоны баДгæйæ, уынаффæ кæнынц бинонтимæ цæрыны фарстытыл: — Бинонтæ дын ис? — сæ иу фæрсы иннæйы. ’ — Нæй, æз уарзын сæрибарæй цæрын. 382
* * * — Æз æрыхъуыстон, цыма ды дæ амондджын. Зæгъ-ма мын, куыд, цы хуызы? — Уым диссагæй ницы ис. Æз базонгæ дæн тынг хъæз- дыг нæлгоймагимæ. Уымæ уыд æхца, мæнмæ та фæлтæрд- дзинад. — Æмæ ныр та? — Ныр уымæ ис фæлтæрддзинад, мæнмæ та — æхца. * * * Фыдæй ферох фыстæгыл адрес бафыссын, афтæмæй йæ постмæ арвыста йæ фыртæн. ; Фырт куы ’рбаздæхт, уæд æй фыд афарста: — Фыстæгыл адрес кæй нæ уыд, уый æппын нæ бафип- пайдтай? — Бафиппайдтон, фæлæ æз афтæ фенхъæлдтон, за^гъын. дæу нæ фæндыд, цæмæй, ды фыстæг кæмæ æрвитыс, уый æз базонон. ’ * * * Фыссыны куыстæй экзамен кæмæн уыд, дыууæ ахæм лæппуйы ныууагътой сæ экзамен æмæ рацыдысты. — Рард куыд аразын хъæуы, уый нæ базыдтон æмæ мæ сыгъдæг гæххæтт фæстæмæ радтон. — Æз дæр афтæ бакодтон. — Уый цы сарæзтай?! — Фæтыхст фыццаг, — экзамен- гæнджытæ зæгъдзысты, цыма йæ ды мæнæй рафыстай. * * * Петер фæрсы йæ фыды: — Мæ бонæгыл мын къуУ æрфыссыны бæсты дзуарæ- вæрдтытæ цæмæн бакæныс? — Мæн нæ фæнды æмæ, дæ хуызæн æвзæр ахуыргæни- нагæн йæ фыд ахуыргонд у, уый дæ ахуыргæнæг базона. 383
* * * Дыууæ уазæджы фысымы хæдзары зонгæ кæнынц сæ кæ- рæдзиимæ: — Æз дæн Серенсон, базар кæнын дурæвзалы æмæ кок- сæй... — Æз та дæн ахæстоны хисдæр, мæ къухæй цæуы æр- мæст айдагъ дзул æмæ дон... * * * Æвзонг актер хъæлдзæгæй æрбацыд хæдзармæ æмæ йæ -ныййарджытæн æппæлыд: — Æз хъаздзынæн, æстдæс азы дæргъы æдзухдæр уы- цыиу усимæ чи цæры, ахæм нæлгоймаджы ролы. — Хорз, хорз, —дзуры фыд, —райдианы алы хатт дæр афтæ вæййы, стæй дын фæстæдæр ратдзысты номдзыд лæ- джы роль. * * * Æз къахæй цæуын райдыдтон, дæс мæйы мыл куы сæх- хæст, уæд, — дзырдта иу чызг йе ’мбал чызгæн. — Æмæ уый цы диссаг у, æз дæр ацыдаин, фæлæ дзурын нæма зыдтон, уый адыл мæ мæ ныййарджытæ дыууæ азы æмæ æрдæг æдзух сæ къухтыл хастой. * * * — Хъуамæ фылдæр æхца райдайон исын мæ пациент- тæй, — дзуры иу дохтыр иннæмæн. — Æмæ дын уыдон ууыл сразы уыдзысты? — Зоныс цы, æз сын арæхдæр фысдзынæн диетæйы ре- цепттæ æмæ сæ мыздыл тынг нæ фæзындзæн. » • • Зæронд лæг бæхты дугъмæ кæсы æмæ фæрсы йæ фарс- мæбадæджы: — Зæгъ-ма мын, ацы дугъ цæмæн уадзынц? 384
— Æппæты разæй цы бæх фæуа, уый лæвар рамбулдзæн. ’— Ныр дæ бамбæрстон. Иннæ бæхты ма та цæмæн ма- рынц фыдæбонæй? * * *. Дыууæ дохтыр кæрæдзи^ыл амбæлдысты æмæ дзы сæ иу райдыдта дзурын: — Мæ рынчынтæй иуæн йæ низы хатт ахæм у, æмæ хъуамæ амардаид дæс азы размæ, фæлæ уæддæр цæры. — Нæй гæнæн, рынчыны цæрын куы фæфæнды, уæд ын медицинæ дæр ницыхъом у, — бафиппайдта дыккаг дохтыр. * * * Фрау Крюгес абон ис йæ дзæбæх зæрдыл: — Эгон, —дзуры йæ мойæн, — абон изæрæй дын бар дæттын, дæ бон у кафемæ ацæуай. — Мæн нæ фæнды, — хъуыр-хъуыр кæны Эгон. — Æмæ уæд цæуылнæ? — Куыд цæуылнæ? Иу хатт æз дæр хъуамæ искуы мæ фæнд акæнон. Сауджынæн уазæгдоны фесæфт библийы дыууæ чины- джы. Адавдæуыд сæ, уый куы базыдта, уæд фырцинæй^йæ- хи нал баурæдта: — Кад бæрзондылбадæгæн! Иугæр библи давынц, уæд адæм дйныл сæкъух нæма систой. * * * Иу лæг машинæйы бын бахауд. Дыууæ боны фæстæ йæхи æрæмбæрста æмæ сдзырдта: — Кæм дæн ай, дзæнæты? — Нæ, мæ зынаргъ, æз дæ фарсмæ дæн, — зæгъы йын ус. ’’ « »., т П 385
* * * Саурасыг лæг фæндагыл фæцæуы цух-мухтæ гæнгæ. Иу чызг ыл амбæлд æмæ йæ фæрсы: — Зæгъ ма мын, хорз чызг, мæ ных цал раны скъокъо- ратæ ис? — Дыууæ раны,—дзуапп радта чызг. — Бузныг. Уæдæ ма ардыгæй мæ хæдзармæ ис æртæ цæджындзы. * * * Рестораны хицау фæдзæхсы официанткæты: — Абон сымах уæхи хъуамæ дарат уæлдай уæздандæ- рæй. — Уæд цæмæн, мыййаг нæм зынаргъ уазæг у æрбацæ- уинаг? — Нæ, — зæгъы хицау, — абон махмæ хæринæгтæ сты зæронд, хъæбæр дзидзайæ арæзт. * * * — Ды худын куы райдайыс, уæд мæ, æрвылхатт дæр бафæнды дæу мæ кабинетмæ æрбахонын. — Ды мын былдауæн ныхас кæныс. —Афтæ ма хъуыды кæн; Æз дæн дæндаджы дохтыр. * * * — Дохтыр, æз уæддæр æвзæр хъусын —дæ хостæ мык ницы ахъаз кæнынц æмæ хъуамæ ацæуон æндæр дохтыр- мæ. Цас дын хъуамæ бафидон? — Цыппор маркæйы. — Цы загътай, æвдай? — Нæ, нæ! Æз загътон æхсай маркæйы. * * * — Гыцци, фыдæлтыккон Соломан цæмæн уыдис æппæ- тæй зондджындæр? ’ —Уымæн æмæ йын уыд тынг бирæ устытæ æмæ йын ’сæ алчи дæр амыдта зонд. 386
* * * Æгуыст лæг Джон кæсы статистикон бюллетень, цыран ’фыст ис, зæгъгæ, нæ бæстæйы алы æвдæм адæймаг дæр у, бахæринаг кæмæн ницы ис, ахæм. — Диссаг!—дзуры уый. — Уыцы æххормæгтæ уæдæ иу- уыл нæ кварталы куы цæрынц. * * * * Экскурсовод дзуры нырыккон нывгæнджыты равдыст- мæ æрбацæуджытæн: — Ацы кæттагыл ис: «хъуг хизы кæрдæгыл», зæгъгæ, ахæм ныв. — Æмæ дзы кæрдæг куынæ зыны. — Кæцæй ма дзы уа кæрдæг, хъуг æй бахордта". — Æмæ уæд хъуг та цы фæцис? — Хъуг афтæ æдылы нæу, кæрдæг куы бахордта, уæд æндæр хизæнмæ ацыд. * * * — Дохтыр, а-фæстаг рæстæджы фесæфт ме ’нцойад. Æз фесхъиуын, телефоны хъæр куы фæцæуы, уæд. Нал уæндын, цы фыстæджытæ райсын, уыдон райхалын, тæр- сын дуары дзæнгæрæгæй дæр. Мæ нервтæ нал бæззынц. — Сэр, дæ низы хатт мæнæн дæр зындгонд у. Мæ ус дæр æдзух кредитæй æлхæны. - * * * Адвокатмæ æрбацыд клиент æмæ йын дзуры æмæ дзу- ры йæ хабарттæ. Юрист-йæхи нал баурæдта æмæ фæхъæр кодта: — Цы зæгъинаг дæ, уый мын радзур цыбыртæй, хъуыд- дæгтæ ма ’мтъери кæн, уыдон схæццæ кæнын мæ бар уадз. — Махæн нæ куысты кабинеты къулыл нывгæнæг реали- стон ахорæнтæй сныв кодта ахæм стыр хæлуарæджы тын, æмæ йын мæрзæг йæ сыгъдæг кæнынæн ницыуал фæразы. 387
— Уый гæнæн нæй! — Цы, ахæм нывгæнæг уа, уый дæ нæ уырны? — Гæнæн ис æмæ уа ахæм нывæгæнæг, фæлæ хæлуарæ- джы тынмæ мæрзæг, æгæрыстæмæй, искуы кæсгæ дæр скодтаид, уый мæ нæ уырны. * * * Иухатт Бернард Шоумæ æрцыд, баскетболæй чи хъа- зыд, иу ахæм æвзонг спортсмен. Уый Шоуйæн рахъаст кодта, зæгъгæ, мæн фæндыд номдзыд баскетболист суæвын, фæлæ мæ хъуыддагæй ницы рауад, ныр æз мæ уыцы хъуыдыйыл къух систон æмæ райдыдтон радзырдтæ фыс- сын, фен мын сæ, чизоны мæ исты рауайа. Шоу радзырдтæ бакаст æмæ стæй загъта: — Иыр æз бамбæрстон, дæуæй баскетболист цæуылнæ рацыд, уый. — Цæуылнæ? — Уымæн æмæ рæстæгыл нæ зоныс къалатимæ æппа- рын, — дзуапп радта фыссæг. * * * — Иухатт бафарстæуыд Катон-хисдæры: — Уый ныббыхсинаг у, абоны онг хъуамæ дæуæнРи- мы цырт ма сæвæрттаиккой? — Ныххатыр мын кæн! — сдзырдта Катон. — Цæйнæ- фæлтау адæм афтæ дзурой: «Цымæ Катонæн цырт цæмæн сæвæрдтой?», фæлтау афтæ куы дзурой: «Цымæ Катонæн цырт цæуылнæ сæвæрдтой?» уый мæм хуыздæр кæсы. * * * Периклы ахуыргæнæг Анаксагор йæ зæрыбонтæ æр- выста тынг мæгуырæй æмæ сфæнд кодта йæхи æххорма- гæй амарын. Уыцы хабар Перикл куы фехъуыста, уæд æр- цыд йæ ахуыргæнæгмæ æмæ йæм бахатыд, зæгъгæ, дæхи стонгæй амарыны хъуыды дæ сæрæй аппар. — Дæ уынаффæты сæр мæ нырма дæр хъæуы,,— дзырд- та йын Перикл. 1 —Цырагъы рухс кæй хъæуы, — дзуапп ын ратта Апак- сагор, — уый йæ цырагъ нæ ферох кæны. 388
* * * — Адæймæгтимæ абаргæйæ, цæрæгойтæ фылдæр цæмæн цæрынц?.. — Уымæн æмæ æртын дохтырмæ иу ветдохтыр йеттæ- мæ нæ хауы. ^ * * * Нæ дæ бауырндзæн, ме ’мбалæн развæлгъау загъдæ- уыд, фондз азьГдæргъы кæм уыдзæн æмæ цы ми кæн- дзæн, уый. . —Чи у уыцы зондджын? — Тæрхонгæнæг. * * * — Кæмæн балхæдтай ацы рæсугъд дидинджытæ? — Миссис Браунæн. — Ахæм рæсугъд лæварыл чи нæ фæцин кæндзæн. — Гъа-да-гъа! Абон æй ныгæнгæ кæнынц. * * * Иу парижаг лæг йæ усы аэропортмæ ахизын кодта, уый атахт Нью-Йоркмæ. Фæстæмæ раздæхгæйæ, Парижы уынгты, алыгъуызон транспортæй азмæлæнтæ кæм нæ уыд, ууылты цæугæйæ, зынтæй æрбахæццæ йæ хæдзармæ. Стъо- лыл баййæфта тел — йæ ус æм фыста: «Тынг дзæбæх æр- хæццæ дæн. Пъа дын кæнын. Мари». * * * Хæрæндонмæ бацæуæг хæдзары ферох кодта йе ’хцадон. — Æз азгъордзынæн æмæ цалынмæ æхца хæссон, уæд- мæ уал дæм мæ усы цъындыйы (залог) ныууадздзынæн. — Гæнæн нæй æмæ æндæр исты ныууадзай, зæгъæм, дæ сахат?— бафарста афициант. — Дæумæ гæсгæ, цымæ мæ сахатæй мæ ус зынаргъдæр нæу, цы ма дæ хъæуы? — Цы уый зоныс? Мæнæн ус ис. 389
Бинонтæ комиссион магазины балхæдтой Людвиг XVI стилыл арæзт сынтæг. Дыккаг бон сынтæг фæстæмæ æрба- хастой магазинмæ. — Хатыр уæ курæм, фæлæ нæ сынтæг дыууæ удæн æгæр уынгæг æмæ цыбыр у, гæнæн нæй æмæ нын æй ба- иват, бирæ ницы, фæлæ Людвиг XVII стилыл арæзт сыц- тæгæй? * * * Бинонтæ бадынц æмæ кæсынц телевизормæ. Мад фæр- сы йæ чысыл хъæбулы: —Мери, дæ куклæ кæм ис? — Бафынæй йæ кодтон, фильм сывæллæттæн нæу æмæ... * * * Зæронд ус дзуры мæгуыргурæн: —Æз дын балæвар кодтон фондз франчы. Цымæ дыл бузныг зæгъын не ’мбæлд? — Уый та куыд, дæу фæнды æмæ дæ фондз франкæй зæххыл диссаг куы ’рцæуид? Æз къуытты дæн, нæдæр хъусгæ кæнын, нæдæр дзургæ. * * * — Дæ куыдзы цасыл уæй кæныс? — Сæдæ песойыл. — Æрдæгыл æй нæ ратдзынæ? — Хъыгагæн, куыдзæн æрдæгыл алыггæнæн нæй. * * * Директор: Дæуæн уал нырма мызд уыдзæн 220 маркæ- йы, фæстæдæр дæ мызд фæфылдæр уыдзæн. Куыст чи агуырдта, уый: — Иттæг хорз, æз дæр фæс- тæдæр райдайдзынæн кусын. 390
— Зылынджын, слæуу, — зæгъы йын тæрхонгæнæг, — ды аххосджын’ цæуыс, æдых сылгоймагæн йæ фæстаг доллар кæй байстай, уый тыххæй. Дæхи сарст кæныны тыххæй цы зæгъдзынæ: — Уыцы сылгоймаг, цытджын тæрхонгæнæг, мæ ус у. Æлхæнæг æрбацыд зоологион магазинмæ æмæ уæйгæ- нæгæн буцтæ кæны. , —Æз дæуæй тути куы ’лхæдтон, уæд мын загътай, дзу- рын, дам, зоны, уый та æгас бон изæрмæ хъып-сыпп дæр не скодта. — Хæдзары дæм сылгоймаг ис? — Иу нæ, фæлæ дыууæ. — Уæдæ-иу дæ тутимæ æхсæвыгон байхъус. Мæлæты тæрхон кæмæн рахастæуыд, иу ахæм къæр- ныхмæ сауджын бацыд æмæ йæм хаты: — Мæ къона, дæ тæригъæдтæ зæгъ, цæмæй дыл дзæ- нæты дуæрттæ æхгæдæй ма сæмбæлой. — Цы зæгъьгс? Æз цы дуар нæ бакæнон, ахæм мыл ни- куыма фембæлд. Зæронд идæдз лæг йæ уарзондзинад дзуры сылгойма- гæн: — Дæу тыххæй æз зæххы кæронмæ дæр фæцæудзынæн. — Кæд афтæ у, уæд стагъд кæн, æндæра йæм нал фæ- хæццæ уыдзынæ. * * * — Мæ ус æдзух хъуыр-хъуыр фæкæны, мæ уæлæ цы скæнон, уый зæгъ, мын нæй. — Кæд ахæм у, уæд сымах хъуамæ цæриккат тропикон бæстæйы. 391
— Уæд та ууыл хъуыр-хъуыр кæндзæн, ме ’рагъæй цы раласон уый, зæгъ, мын нæй. . — Æдзух куыстмæ чи фæстиат кæны, иу ахæм чызгæн дзуры йæ директор. — Зæгъ-ма мын, хорз чызг, ды ацы изæр исты араз- дзынæ? — Бынтондæр ницы. — Уæдæ-иу рагацау бафынæй кæн, æмæ-иу райсомæй дæ куыстмæ афоныл æрбацу. * * * Чидæр æхсæвыгон уазæгдоны дуар къухæй ныххоста. Йæ тарф фынæйæ райхъалуæвæг мæстæй рафыхт: — Чи дæ уый, цы дæ хъæуы? — Уазæгдон судзы. — Ды фæрæдыдтæ, æз зынгхуыссынгæнæг нæ дæн. # * * Кондуктор дзуры: — Дæ фыртæн билет балхæн, ууыл ныр æхсæз азæй фылдæр цæуы. — Уый мæнг у, мæ моймæдзыдыл нырма æртæ азы йеттæмæ нæма цæуы. — Мадам, æз дæн кондуктор, ды чызгæй цытæ кодтай, уый мæм бынтондæр никæцырдыгæй хауы. Чысыл лæппу афарста зоопарчы кусæджы. — Цымæ жираффæн афтæ даргъ уачъи цæмæн ис? — Зоныс, цæмæн, — зæгъы йын хъахъхъæнæг, — жираф- фæн йæ сæр йæ гуырмæ афтæ дард у, æмæ йын æндæргæ- нæн нæй. 392
* * * Мæгуыргурæн иу худ йæ сæрыл ис, иннæуыл хæцы æмæ йæ бæлцæттæм бадары, исты дзы æрыппарут, зæгъгæ. Йæ фæрсты рацыд иу бæгъæмсар, уымæ дæр та йæ худ ба- дардта. Лæг худ райста æмæ йæ йæ сæрыл æркодта: — Бузныг, йеныр уыдзыстæм æмхуызæттæ, кæннод дзы дæуæн дыууæ уыд, мæнæн та иу дæр нæ. * * * — Дæ ус зарын куы райдайы, уæд ды тыргъмæ цæмæн рацæуыс? — Цæмæй исчи афтæ ма ’нхъæла, цыма йæ æз нæмгæ кæнын. * * * — Хорз климат уæм ис? — ног æрцæуæг фарсы бы- нæттон цæрæджы. — Иттæг хорз! — зæгъы бынæттон цæрæг. — Бауырнæд дæ, мæн фыццаг хатт ардæм куы ’ркодтой, уæд мæ дзурæн дæр нæ уыд, мæ дзыхы нæ уыд иунæг дæндаг дæр, æгæ- рыстæмæй мæм нæ уыд мæ гуыбыны цъарыл абырыны фаг тых дæр. — Уый уæд диосаджы бæстæ куы у, диссаджы, — сцин кодта уазæг, — æмæ рагæй цæрыс ацы горæты? — Æз ам райгуырдтæн. # * * Цуаноны ус: ’—Мæ мой мæ фæхоны тæрхъус æмæ цæмæн, уымæн ницы зонын! ,— Æвæццæгæн æй æрфæнды дæ ныхыл нæмыг ныциæ- вын. * * * . Чидæр бацыд уазæгдонмæ æмæ афарста, зæгъгæ, уæм сæрибар бынат ис æви нæ? 393;
— Ис нæм дыууæ уаты. Сæ иуæн йæ аргъ у дыууын, земæ иннæмæн та 30 франкы. — Æмæ сæ цы хицæндзинад ис? — Уый бæрц ницы. 30 франкы йæ аргъ кæмæн у, уы- ды уаты ис мыстахсæн. * * ч* Зæронд ахуыргæнæг æгас бон кæсаджы лæппыны йет- тæмæ ницы ’рцахста æмæ смæсты. Систа йæ æмæ йæ фæс- тæмæ доны нывзылдта. Стæй сдзырдта: . — Гъеныр ацу æмæ-иу мæм райсом дæ ныййарджытимæ ^фæзын. * * # — Мæ хæрæфырт дæумæ кæй кусы, ды уый зоныс? — Кæй зæгъын æй хъæуы? Фæстагхатт футболæй ду- неон матч куы уыдис", уæд йæхи акуырдта, дæуæй уый, дам, амард æмæ зæгъ æй хъуамæ бавæрон. * * * — Нана, чындзæхсæвы чындз урс дарæсы цæмæн вæййы? — Уымæн æмæ урс хуыз цины бæрæггæнæг у. — Ныр æз базыдтон, усгур æдзухдæр сауты цæмæн ъæййы, уый. * * * — Уыцы фыдгæнæджы æрцахсын уыд хæрз æнцон,— полицæйы кусæг æппæлыд йæ бинонтæн, — уый асаста -сейф, систа æхцатæ, дыууæ авджы банызта виски, тама- ко бадымдта, стæй ныууагъта йæ къухты фæд. — Авгыл? — Нæ, асфальтыл. --Дзурынц, ’зæгъгæ, цалынмæ мистер Холден банкир не ссис, уæдмæ кодта сæрфæджы куыст. — Раст зæгъыс. Æрмæст уый дзабыртæ нæ, фæлæ сæрф- та сеифтæ. "394
# * # Службæгæнæг бафæстиат кодта куыстмæ æмæ йæхи- сраст кæныны тыххæй хицауæн загъта: — Дысон мæ ус уыд уæззау уавæры,— арын нæ фæ- рæзта. — Æртæ къуырийы фæстæ та ноджыдæр бафæстиат, æмæ та хицауæн йæхи раст кæныныл схæцыдис: — Ноджыдæр та мæ ус уыд уæззау уавæры... — Уый та куыд, дæ ус тæрхъус у? — Нæ! Медицинон хо. * * * Дохтыр: — Ды мæнмæ æрбацыдтæ фыццаг хатт æмæ хорз ба- кæнис, æппæт дæр мын райдианæй куы радзурис. Пациент: — Кæй зæгъын æй хъæуы, радзурдзынæн дын. Уæдæ афтæ, æппæты фыццаг хуыцау сфæлдыста арв, стæй зæхх... , Тæрхондоны: — Ды ацы лæгæн йæ дарæс адавтай, уый йæхи куы надта, раст уыцы рæстæджы. Дæхи сраст кæныны тыххæй цы зæгъдзынæ? — Уым хи найыны бар нæ уыд. — Францаг æвзаг ды цас зсшыс, уымæй, мыййаг, Па- рижы иеты зындзинæдтæ бавзæрстай? — Æз ницы, фæлæ францæгтæ тынг. * * * 80-аздзыд зæронд лæг ракуырдта, 18 азы кæуыл цыд, иу ахæм чызджы. Фараст мæйы фæстæ сын райгуырд сы- вæллон. Зæронд лæг ацыд сауджынмæ æмæ йæ бафарста: — Сывæллоны фыд æцæг æз дæн, æви уый у хуыцауы фæлдисгæ? 395
— Æз дын радзурдзынæн цымыдисаг истори, — зæгъы сауджын: — Иу хатт æз уыдтæн æдзæрæг зæххыл. Уайтагъд мæм йæхи рауагъта домбай. Мæнæн мæ къухы уыд лæдзæг. Æз лæдзæг домбаймæ ныддардтон æмæ сдзырдтон: «Пу!». Домбай мардæй æрхаудта. — Уый уыдис хуыцауы къухæй? — Нæ, мæ фæстæ февзæрд цуанон, уымæ уыдис æцæг æхсæнгарз. * * * — Стивенсон, æрыхъуыстон: ды бинонтæ тагъд æрхæс- дзынæ. — Мæ-а, нæ зонын? Цалынмæ æз мæ хæстæ бафидон, уæдмæ мын мæ уарзон нæ разы кæны, æз та цалынмæ уый æрхæссон, уæдмæ мæ хæстæ нæ бафиддзынæн. Зæронд’ лæг къæлæтджыны бафынæй æмæ хуыр-хуыр кæны. Йæ* фырты фырт æм бацыд æмæ йын йе ’гънæг дыууæрдæм здухы. — Уый цы ми кæныс? — фæрсы йæ зæронд мад. — Хъу’амæ æндæр станц æрцахсон. * * * Дохтыр: — Дæуæн бацамындæуыд: дæхи бавæр, хъарм хуыс- сæнты схуысс, æмæ ды та æнæхъæн бон иу магазинæй нннæмæ цоппайыл бахъуыдтæ. Рынчын: — Агурын хъарм хъæццул. Клиент тынг смæсты, афтæмæй дзуры официантмæ: —Афон нæма у, цæуылнæ æрхæссут физонæг? Официант йæ цæстытæ асæрфта æмæ сдзырдта: — Фыс æргæвдынæн æвгъау у. - 396
ъ " — Рахæссут мын орфографион рæдыдтытæй конд хæ- ринаг. ,' — Бахатыр кæн, сер, махмæ рестораны ахæм хæрина- гæн йæ кой дæр нæй. — Уый та куыд, уæ меню дзы йæ хъуырмæ куы у? * * * Дыууæ хуыснæджы æрвылбон дæр кæрæдзийыл фем- бæлынц ахæстоны кæрты. Сæ иу уырдæм бахауд, хъуг радавта, æмæ уымæн, иннæ та — сахат. Сæ дыууæ дæр сæ кæрæдзийы нæ уарзынц. Сæ иу иннæйы афарста былысчъилæй: — Дæ сахатмæ гæсгæ цас у рæстæг? Дыккаг дзуапп радта: — О, афон у, дæ хъуг æрдуц. Æвзонг лæппу сфæнд кодта дохтыр-терапевт суæвын. Фыд уый куы базыдта, уæд ын бауайдзæф кодта: — Æдылы, фæлтау сахуыр кæн стоматологы дæсныйад! Адæймагæн зæрдæ иу йеттæмæ нæй, дæндæгтæ та... * * * Техасы: — Баба, ныр мæ уырны, Джек мæ ракурдзæн. — Афтæ цæмæн æнхъæлыс? — Знон уый фехста йæ усы. # * # Ус: мæ зынаргъ Руди, мæнмæ афтæ кæсы, цыма тæр- хъус у тынг æдылы цæрæгой, афтæ нæу? Лæг: раст зæгъыс, раст, мæ тæрхъус! 397
# # * Ус æрцыд куыстæй, æрбадт диваныл, æмæ кæсы, йа& мой пъол куыд сæрфы, уымæ. — Ды зоныс, — зæгъы ус,—директор та мын ноджьь дæр загъта, дæу тыххæй, дам, æз мæ бинонтæй ахицæн уыдзынæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый хъазы. — Æмæ чизоны нæ хъазы? — цингæнгæ, ома дæ фер- вæздзынæн, сдзырдта лæг. * * * Фыд: Дæуæй ферох, æз дæ спичкæтæй хъазын кæй нæ уадзын, уый? Фырт: Æз хъазгæ нæ кæнын, мæн фæнды тамако ды- мын. * * * Дæумæ гæсгæ, Моллерыл ис баууæндæн? — Ис! Фондз азы размæ йæ мызд фæфылдæр æмæ йæ абон дæр йæ усæн нæма загъта. * * * Æз дохтырæй кусын куы райдыдтон, уæдæй- ардæм æр- мæст иунæг хатт æруагътон рæдыд. ■ — Цы фæрæдыдтæ? — Нæ йæ базыдтон, афтæмæй дыууæ æрбацыдæн схос кодтон миллионерæн. * * * Джон хил рауагъта. Ие ’мбал .æй афтæмæй куы фед- та, уæд нынкъард æмæ йын мæсæллæй кæны. Джон фæтыхст: — Мæсæллæй мын цæмæн кæныс? , —Дæ сæрдасæн кæй фесæфт, уый тыххæй. 398
Лорд ацы хатт йæ сахат йæхæдæг сифтыгъта æмæ сдзырдта: — Дохтыр мын амоны, физикон куыст дæр, дам-иу акæн. Зæронд ус æрыгон пианистæн дзуры: — Дæумае^иу^хдт^бдйхъуеыны тыэШей миллион дæр нæ бавгъау кæнин. — Цы рæдау адæймаг дæ! — пианист сдзырдта цингæн- гæ. — Зоныс цы, — йæ ныхас адарддæр кодта зæронд ус, — æз ныр фæндзай азы хъусæй нæ хъусын. *Г* Ч* *!• / Лæг æрцыд цуанæй. Йæ ус æй фæрсы: — Цал тæр_хъусы амардтай? — Иу дæр нæ, æрмæст сæ мæ гæрæхтæй тæрсын тынг фæкодтон. * * * Мысинæгтæй: «Æз куы райгуырдтæн, уæд мæм уый афтæ диссаг фæ- зынд, æмæ æз, æгæрæстæмæй, фырцинæй дыууæ азы бæрц сдзурын не сфæрæзтон». Иу французаг дохтыры бафарстæуыд, зæгъгæ, гæнæн ис æмæ адæймаг æнæ куырмтъанг дæр цæра? — Адæймаг фæцæрдзæн, хирург нæ! * * * Нывты равдысты иу иннæйы фæрсы: — Ды та цы зæгъдзынæ, ацы нывы хур скæсгæ-скæсын 399
цæуы æвдыст æви ныгуылгæ-ныгуылын? — Кæй зæгъын æй хъæуы, ныгуылгæ-ныгуылын. — Афтæ цæмæн хъуыды кæныс? — Æз ын хорз зонын йæ нывгæнæджы. Уый йæ хуыссæ- нæй фæссихорæй раздæр никуы сыстад. * * * — Аххосджын, тæрхондоны уынаффæ цæмæй фæфæл- мæцдæр уа, уый тыххæй ма исты зæгъдзынæ? — Зæгъдзынæн! Мæныл, уæхæдæг куыд уынут, афтæ- мæй тæрхон кодтат дæс хатты, æмæ, кæсут, уæ тæрхон ницы фæстиуæг радта. * * * Чингуыты магазинмæ бацыд æлхæнæг æмæ бафарста: — «Нæлгоймаг — хæдзары хисдæр», — мыййаг уæм ахæм чиныг ис? — Фантастикæ агур фалдæр, сыхаг залы. Хæринаггæнæн ахуыргæнæндоны ахуыргæнæг фæрсы ахуыргæнинаджы: — Цæй мидæг ис хæринагаразæджы хорздзинад? — Мæнмæ гæсгæ, катлетæн иу ссæдзы бæрц алыгъуы- зон нæмттæ чи æрымысы, уый у хуыздæр хæринаггæнæг. * * * — Сауджын, велосипедыл бадгæйæ, фехæлдта уынджы цæуыны фæткойтæ. Уый тыххæй йæ баурæдта фæткæвæрæг. — Уынджы цæуыны фæткой кæй фехæлдтай, уый тых- хæй дæ хъуамæ фæивар кæнон. — Мæ къона, — дзуры сауджын, — хуыцау кæддæрид- дæр ис мемæ, æмæ, æвæццæгæн, велосипед дæр уый скъæрдта. — Кæд афтæ у, уæд ма хъуамæ бафидай дыккаг ивар дæр, иу велосипедыл дыууæйæ бадыны бар кæй нæй, уый тыххæй. -100
* * * Фæцыд телефоны дзæнгæрæг: — Бахъиамæт кæн, сис хæтæл æмæ кæд мæн агурой, 1 уæд-иу зæгъ: «хъыгагæн, мæ мой хæдзары нæй», зæгъгæ, — бахатыд лæг йæ усмæ. Ус телефоны хæтæл систа æмæ дзуапп радта: — Хъыгагæн, мæ мой ис хæдзары. — Дæлимонты хай фæу, æз дæ куыд бафæдзæхстон?! — Мæ зынаргъ, — рæвдаугæ дзуры ус, — телефоны дæу нæ, фæлæ мæн фарстæуыд. — Алло, уый Ивановты фатер у? — Фæрæдыдтæ. Махæн телефон нæй. * * * Гыццыл лæппу йæ фыдимæ тезгъо кодта быдыры æмæ афтæмæй фембæлдысты хъуццыты æнæхъæн рæгъауыл. — Ма сæ тæрс, — загъта фыд йæ фыртæн, — уыдон сты хъуццытæ. Ды сын арæх бахæрыс сæ дзидзайæ. — Уый бæргæ афтæ у, фæлæ адон фых не сты. Ахуыргæнæг фæйнæгыл ныффыста химийы формулæ æмæ фæрсы ахуыргæнинаджы. — Уый цæй формулæ у? — М-м, ме ’взаджы цъуппыл рауай-бауай кæны... — Æвæстиатæй ’йæ ату кæн, уый марг у. 26. Харебаты Л.
Абуль Фарадж РАДЗЫРДТÆ ДОХТЫРТЫЛ ЦÆМÆЙ ФÆРЫНЧЫН Иу рынчын дохтырæн рахъаст кодта: — Æз бахордтон æрмæстдæр бæдул кæрчытæ æмæ мæ ахсæн фæрыст. Дохтыр ын загъта: —Иу бæдулæй фылдæр хæрын не ’мбæлы. Рынчын загъта: — Алчи дæр зоны, карчы фыд хорз-кæй у, уый. Дохтыр дзуапп радта: — Адæймаг йæ уæлæ дæсы фæлыст цыллæ хæдæттæ куы скæна, уæд хъуамæ зона, йæ уæлæ бæзджын нымæт кæй ис, уый. Адæймаг дæс карчы куы бахæра, уæд хъуамæ зо- на, иу æрбадтæн æнæхъæн фысы мард кæй бахордта, уый. РÆСТÆМБИС ХÆРД Æндæр дохтыр загъта: — Ахсæны цы хæринаг нæ батайа, уый бахæры, уыцы хæринаг чи бахордта, уымæн йæхи. Хæрын хъæуы афтæ, цæмæй цы бахæрай, уый дын батайа. ХÆРДЫ ТЫХХÆЙ Æндæр дохтыр фæдзæхста: — Цæйнæфæлтау æрвылхатт фырæфсæст уай, фæлтау рæстæгæй-рæстæгмæ æххормагæй^аззайын хуыздæр у.
МАХ НЕ ’РТÆ Дохтырмæ цы рынчын æрцыд хос кæнынмæ, уымæн фæ- 1 * дзæхста: — Дæ зæрдыл дар: мах стæм æртæйæ, æз, ды æмæ дæ низ. Кæд ды ме ’вварс фæуай, уæр низыл æнцонæй фæуæла- хиз уыдзыстæм; кæд ды низæн йе ’вварс ахæцай, уæд мæ- нæн тынг фæзын уыдзæн уæ дыууæйыл фæтых уæвын. Уымæй дохтыры зæгъын фæндыд, цæмæй рынчын лæм- бынæг хъуыстаид æмæ æххæст кодтаид дохтыры алы ба- цамынд дæр. НЫВГÆНÆГ ДОХТЫР Иу нывгæнæг йæ ныв кæнын ныууагъта æмæ райдыдта- дохтырæй кусын. Иу хатт æй бафарстæуыд: — Цæмæн ныууагътай дæ ныв кæнын æмæ цæмæн рай- дыдтай дохтыры куыст. Уый загъта: — Æз-иу ныв куы сарæзтон, уæд-иу алчи дæр уыдта уыцы нывы мæ чысыл рæдыд дæр, æмæ-иу мæ стæй крити- кæ кодтой. Ныр та цыфæнды фыдракæнд саразон, ничи йæ базоны, афтæмæй йæ зæхх бамбæрзы.
ЧИ МА ЦЫ ЗАГЪТА ИÆ МÆЛÆТЫ РАЗМÆ — Æхсæз боны ма мæ фæцæрын кæндзынæ, æви нæ? — лæгъстæ кодта Оноре Бальзак йæ дохтырæн. — Æниу æх- сæз дæр цъус у, æз уыцы æхсæз боны дæргъы мæ цæст ахæссин мæ фыстытыл, æдыппæт та сты фæндзай томы... Сыскъуыдтæ сын кæнин сæ лæмæгъ бынæттæ æмæ фылдæр уд бауадзин уацмыстæн сæ тыхджындæр бынæтты. Адæй- маг диссæгтæ фæлдисы. Æз цы сфæлдыстон, уыдон ме ’хсæз боны куыстæй суаиккой æнæмæлгæ. Адон ма уыдысты стыр фыосæджы фæстаг дзырдтæ. * * * Хетæгкаты Къоста иугæр мæлæтæй жуы фæтыхст, уæд йæ тыхтæ æрбамбырд кодта, йæ сæрыл рахæцыд, йе стыр уарзæгой цæстытæ адæмыл ахаста æмæ сдзырдта: — Æфсымæртæ, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут! — уый уыд ирон адæмы сæрхъызойы фæстаг фæдзæхст. * * * Уæззау рынчынæй дæр Генрих Гейне йæ куыст нæ уагъ- та. Иæ мæлæтæй цыппар боны раздæр æнæхъæн æхсæз сахаты дæргъы фыста йæ мысинæгтæ. Уый дзырдта, зæгъгæ- ма мæ мæ куыст кæронмæ ахæццæ кæнынæн хъуыд æр- мæст цыппар боны. Мысинæгтæ фыст фесты. '16-æм февра- лы уый æрдомдта гæххæтт æмæ сис. Фæлæ сис йæ къухтæй æнустæм ахаудта. 404
* * * Зынгæ композитор Людвиг Бетховен йæ мæлæтыл куыд æнцад-æнцойæ сæмбæлд, уый диссагæн баззад. Мæлæты агъоммæ уый латинагау загъта: «Æмдзæгъд кæнут, хæ- лæрттæ, мæ комеди фыст фæцис». * * * Чиныг «Англисы цивилизацийы истори» йæ рæстæджы уыдис стыр зындгонд. Иæ автор Томас Бокле амард Да- маскы. Мæлæты размæ фæхъæр кодта: — Чиныг, мæ чиныг! Никуы фæуыдзынæн мæ чиныг фыст! V* *| * * * 18ВД, азы 16 марты Гете бадт сынтæгыл æмæ ныхас код. та хионтимæ, дохтыримæ. Æвиппайды уый загъта: — Рудзынг бакæнут! Уый рудзынджырдæм йæхи айвæзта: — Фылдæр рухс! Уыцы дзырдты фæстæ сынтæгыл йæхи æруагъта æмæ амард. * * * Бæрæг куыд у, афтæмæй Джордж Байрон амард Гре- цийы/Уымæн ма йæ фæстаг дзырдтæ уыдысты: — Гъеныр æз хъуамæ бафынæй кæнон! Уæззау рынчын композитор Моцарт, сынтæгыл хуысгæ- йæ, уайтагъд йæ къухтыл хæрдмæ схæцыд æмæ цыма кус- гæ кодта, уыйау йæ къухтæ тылдта. Уыцы рæстæджы йын лæггадгæнæг йæ хъæццул бараст кодта. Уый йын цæстæй ацамыдта, ма мæ хъыг дар, зæгъгæ, æмæ стæй сдзырдта: — Фадат мын радтут, иу хатт ма мæ музыкæйы æхцон зæлтæй удæнцой райсон. Уыцы дзырдты фæстæ цалдæр минутмæ амард. 405
Уæззау низæй сфæлахсуæвæг декабрист Баратинский йæ мæлæты размæ йæхиуыл рахæцын кодта сынтæгæй: — Салдат хъуамæ лæугæйæ амæла! * * * Англисы император Елизаветæ йæ дохтырæн ныллæгъ- стæ кодта: — Мæ импери дæу уæт æмæ ма мын иу бон цæрæнбон радт. * * * Римы император Октовиан йæ дохтырмæ бартхъирæн кодта: — Æз куы мæлон, уæд фæстаг минуты де ’рцауындзы- ны тыххæй ратдзынæн бардзырд.
СТЫР АДÆЙМÆГТÆ ЗАГЪТОЙ Адæймаджы æнæниздзинад æппæтæй тынгдæр сфæлахс вæййы, бирæ рæстæджы дæргъы физикон куыст куынæуал фæкæны, уæд. АРИСТОТЕЛЬ * * * Адæймаг куынæ змæла, уæд ын йæ низæн хосгæнæн нæй. ГИППОКРАТ * * * Систематикон æгъдауæй физкультурон фæлтæрæнтæ чи аразы, уыцы адæймаджы никуы бахъæуы хосты фæдыл цæ уын. ГОРАЦИЙ * * * Цæмæй уай рæсугъд æмæ æнæниз, уый тыххæй дæ цард-цæрæнбонты æппынæдзух араз физкультурон фæлтæ- рæнтæ. ПЛАТОН 407
* н« * Цы буар не змæлы, уый у бадт доны хуызæн, сысмаг вæййы, сæвзæр вæййы æмæ бамбийы. Н. АМБОЦИК-МАКСИМОВИЧ * * * Зивæг чи кæны, уыдонæй иунæг адæймаг дæр зæры бонмæ никуыма фæцард. Зæрыбонмæ чи фæцард, уыдон иууылдæр куыстой, арæзтой физкультурон фæлтæрæнтæ. ГУФЕЛАНД * * # Сæйраг медикаменттæ (хостæ) сты сыгъдæг уæлдæф, уазал дон, бел, хырх æмæ фæрæт. В. ПОЛЕНОВ * * * Цы бон нæ фезмæлын æмæ физикон куыст нæ бакæнын, уыцы бон æз вæййын марды хуызæн, мæ бон нæдæр фыс- сын вæййы, нæдæр кæсын æмæ нæдæр искæмæ хъусын, æхсæв фынæй кæнын дæр нæ фæфæразын. Л. ТОЛСТОИ Цæуын æмæ змæлын стыр ахъаз сты сæры магъз сфæл- тæрынæн, хъуыдыкæнынад рæзын кæнынæн. ЖАН-ЖАК-РУССО ИУХАТТ... Бернард Шоу ма æвзонг куы уыд, уæд куыста иу лон- дойнаг газеты редакцийы музыкалон рецензентæй. Лондо- ны цЬерæг дохтырты хоры тыххæй ныффыста рецензи, уый уыд хæрзцыбыр æмæцыргъ: «Знон Филармонийы æхсæна- 408
ды залы зарыдысты лондойнаг дохтыртæ. Уыдонæн ма ноджыдæр хъуамæ сæ зæрдыл иу хатт æрлæууын кæнон стыр хуыцауы фæдзæхст: цы гæнæн ис, уымæй хъахъхъæ- нут мæрдон сабырад». # # # Иухатт артист Николай Федоры фырт Монахов Мæс- куыйы Чысыл театры кастис йæ уарзон артисткæ Мария Николайы чызг Ермоловайы хъазтмæ. Спектакль куы ’вдыстæуыд, уæд æм æнæнхъæлæджьг чидæр бацыд, æддæмæ йæ ракодта æмæ йын загъта: — Дæ хæдзар дын фæхастæуыд. Æвæстиатæй хæдзар- мæ ацу. — Æрра фæдæ! — тынг рамæсты Николай Федорьг фырт, — ахæм алæмæттаджы артисткæйы хъазтмæ кæрон- мæ ма бакæсон æмæ афтæмæй хæдзармæ ацæуон! Зыны дыл, ды бынтондæр ницы æмбарыс аивадæн! Уыцы ныхæсты фæстæ Монахов фæстæмæ баздæхт зал- мæ. * * * Иухатт папæ Павел III æрбацыд стыр нывгæнæг Мике- ланджелойы æнæфæуд ныв: «Тæссаг тæрхон»-ы фенынмæ. Папæимæ уыд церемон-мейстер Бъяджо. Бъяджо ныв куьг федта, уæд былысчъилæй загъта, зæгъгæ, ахæм ныв цы аразы папæйы капеллæйы, уымæн йæ бынат ис искуы трактиры къулыл. Уыцььныхас фехъусгæйæ, тынг смæсты нывгæнæг æмæ Бъяджойы ныв скодта зындоны хъизæмар- гæнгæйæ. Бъяджо уый куы базыдта, уæд бахъаст кодта папæ П1-мæ. Павел ын радта ахæм дзуапп: «Ды хорз куы зоныс, Бъяджо, æмæ мæнæн хуыцауы фæрцы мæ бар цæуы ар- выл æмæ зæххыл, æз бынтондæр ницы бархъомыс дарын зындонмæ, цы дын кæнон, уым баззай». * * * Иухатт австриаг музыкалон критик Эдуард Ганслик. Дрездены уазæгуаты бацыд Роберт Шуманмæ. Дзырд сæм æрхауд Рихард Вагнеры тыххæй. Уый дæр цард уым. Ган- 409
слик Шуманы бафарста, зæгъгæ йæм уазæгуаты никуы вæййыс? — Нæй,—æнкъардæй дзуапп радта Шуман, — нæ йæм цæуын. Вагнеримæ цæрæн нæй. Уый у тынг курдиатджын, нæ дзы зæгъдзынæ эгоист у, нæдæр химæ ныззынаг. Фæлæ йæм ис иу æвзæрдзинад: дзураг у, йæ бон у æмæ дæ йæ фырдзырдæй мæрдтыл бафтауа. Уыцы фембæлдæй рацыд цалдæр боны æмæ Ганслик фембæлд Вагнерыл. Ацы хатт та дзырд æрхауд Шуманыл. — Æз стыр аргъ кæнын Шуманæн,—загъта Вагнер,— фæлæ мæн нæ фæнды æмæ йыл æмбæлон. Æрæджы æр- баздæхтæн Францæй. Бацыдтæн æм уынынмæ, дзырдтон ын диссаджы ног хабæрттæ. Дæу нæ бауырндзæнис, уыйбæрц ын фæдзырдтон, уыйбæрц, фæлæ уый иунæг сыбыртт дæр не скодта. Мæнæн мæ бон уымæ кæсын нал бацис, ныу- уагътон æй æмæ рафардæг дæн. МАКСИМТÆ № 34 Махыл хиуылфеввæрсындзинад куынæ уæлахиз кæнид, уæд искæй хиуылæввæрсындзинадæй нæ хъаст кæниккам. № 49 Адæймаг никуы вæййы нæдæр афтæ амондджын, æмæ нæдæр афтæ æнамонд, йæхимæ куыд фæзыны. № 76 Æцæг уарзондзинад фынæй хъауджыдæр нæу, алчи дæр кæны йæ кой, фæлæ зæххыл стæм разындзæн, уый чи федта, ахæм. № 94 I Нæргæ ном адæймаджы нæ бæрзонд кæны, хатт фæху- динаг кæны ахæмы, кæцы йын цытимæ нæ зоны йæ дарын. 410
№ Ю2 Æдылытæн сæ зонд ис сæ зæрдæты. № Ю5 Уавæр кæй аразы, зондджын уый нæу, зондджын уый у æмæ зонд цы у, уый чи ’мбары, фæразы йæ базонын æмæ ’ буц у уымæй. № ПО Мах рæдауæй ницы дæттæм, æнæхæлæг æмæ парахатæй зондамындтытæй дарддæр. № 129 Иуæй-иухатт гуырымыхъ уæвын дæр хорз у, цæмæй дæлбындзоджы кæппæджы ма бахауай. № 146 Мах иуæй-иухатт уымæн феппæлæм æндæр искæмæй, цæмæй нын нæхицæй дæр исчи раппæла. № 159 Адæймагдзинад иууыл хуыздæр бæрæггæнæнты хицау уай, уый цъус у — хъæуы ма уыдонæй пайда кæнын дæр. № 186 Æвзæр миниуджытæ кæмæ ис, мах нæхи ууыл нæ тигъ кæнæм, мах нæхи тигъ кæнæм, адæймагдзинады ахастытæ бынтондæр кæмæ не сты, уымæй. № 196 Адæм кæй нæ базонынц, ахæм рæдыд мах тагъд ферох кæнæм. 411
№ 201 Афтæ чи хъуыды кæны, зæгъгæ, æз æнæ искæйты æх- хуысæй дæр цæрдзынæн, уый тынг рæдийы, гъе, фæлæ, афтæ чи дзуры, зæгъгæ, æнæмæн цæрын ничи бафæраз- дзæнис, у_ый та дыууæ хатты тынгдæр рæдийы. № 206 Хæларзæрдæ адæймæгтимæ чи ’мдзæхтон кæны, уый æрдзæй æцæг хæларзæрдæ у. № 208 Ис ахæм æдылытæ, кæцытæ базонынц, æдылы кæй сты, уый æмæ дзы арæхстджынæй фæпайда кæнынц. №211 Ис адæймæгтæ, кæцытæ сты зарæджы хуызæн, уыдон тагъд рахизынц модæйæ. № 226 Исчи дын куы балæггад кæна, уæд уый бафидыныл фæ- тагъдкæнын дæр йæхирдыгонау у æнæрхъуыды ми. № 231 Уымæй æдылыдæр фæндон зæххыл ницы ис: уый дæ куы фæнда, зæгъгæ, æз уон алкæмæйдæр зондджындæр. № 243 . Æнæ саразгæ ницы ис, æрмæст нæм уæт уый фаг тыр- нындзинад, уæд махæн нæ бон бауыдзæн уыцы хъуыддаг саразын. 412
№ 250 Æцæг рæсугъд ныхас уый у, æмæ куы арæхсай, цы ’мбæлы, уый зæгъынмæ, стæй цас æмбæлы, уымæй фылдæр нæ. №277 фылдæр хатт сылгоймæгтæ афтæ нæ фæуарзынц, æддæ- мæ сæхи цас февдисынц, цыма уарзынц. Фæтырнынц инт- ригамæ, фæфæнды сæ уой уарзон, сæ тыхтæ радтынц, фæ- кæнынц диссæгтæ, æмæ архайынц ма фæхъыгдарыныл — æппæт уыцы миниуджытæ сæ æркæнынц ахæм хъуыдымæ, цыма уыдон уарзондзинадæй мæлынц, æцæгæй та, уыцы рæстæджы, уыдон фæкæнынц гæдыми, цæстмæми. № 270 Цыт, кæцы бафтыд нæ къухты, уый у хæлц, фидæны цы кад райсынмæ хъавæм, уымæн. - № 286 Махæн нæ бон нæу дыккаг хатт уый бауарзын, кæцы- йæн йæ уарзондзинад æцæгæй иу хатт ферох кодтам. № 294 Махæй чи феппæлы, уый алыхатт дæр фæуарзæм, фæлæ махæй чи феппæлы, уый нæ алыхатт нæ уарзы. № 295 Мах стæмхатт бамбарæм, нæ царды мидæг кæронмæ, æцæгæй нæ цы хъæуы, уый. № 303 Цахæмфæнды æппæлд ма кæной махæй, мах уыцы æп- пæлды ногæй ницы фенæм. 413
,|\|о 014 Уарзæттæ уыйбæрц бадт æмæ уыйбæрц дзурынæй уьг- мæн нæ хъыг кæнынц, æмæ сæ алчи дæр фæдзуры йæхи- уыл. № 313 Махыл цы ’рцæуы, уый лыстæггай бахъуыды кæнæм, фæлæ уыцы хабар иу адæймагæн цалдæр хатты кæй фæ- дзурæм, уый нæ ферох вæййы. № 330 Адæймаг цалынмæ уарзы, уæдмæ бары. № 342 Адæймагæн йæ зонд, йæ зæрдæ æмæ йæ дзыхы ныхас рахæссынц, кæцæй рацæуы, уыцы бæстæйы гакк. № 346 Сылгоймагæн йæ зонд æмæ йæ зæрдæйы фæтк нæ уы- дзæнис, кæд æмæ йын семæ нæ фидауа йæ темперамент. № 347 Махæн немæ чи сразы вæййы, æрмæстдæр уый фæхо- нæм раст хъуыдыгæнæг. № 350 Мах адæймæгтæм æрмæстдæр уымæн хæрам кæнæм, немæ хæларахаст даргæйæ, сæхи зондджындæрæи кæй февдисынц. 4141
№364 Махæй алкæмæн дæр зындгонд у уый, æмæ хи усыл дзурын кæй не ’мбæлы, фæлæ нын уый афтæ зындгонд нæу, уымæй къаддæр та кæй хъæуы хиуыл дзурын. № 372 / Иуæй-иу лæппу йæхимæ ныззыны, афтæ фенхъæлы, цы- ма мæ хуызæн нал ис, афтæмæй та уый вæййы æнæхъо- мыл æмæ æнæрцæф. №387 Æдылыйы бон уый нæу æмæ уа хæларзæрдæ, уый тых- хæй уымæн сæйраджыдæр нæ фаг кæны зонд. №394 Гæнæн ис æмæ иу искæй афæливай, фæлæ нæй уый гæ- нæн, æмæ æппæт дзыллæты дæр афæливай. №396 Сылгоймаджы зæрдæйæ зынæй сæфты йæ фыццаг уарзт, кæд æмæ уый уыйфæстæ дыккагмæ нæ акæса. №402 Уарзондзинады таурæгъты ис æппæт дæр, уарзондзина- дæй дарддæр. Худæг вæййынц, кæддæр рæсугъд чи уыдис, фæлæ гъе- ныр чи базæронд, уыцы зæронд устытæ, уæддæр ма сæ нæ фæуырны, кæй никæйуал зæрдæмæ цæуынц, уый. №419 Мах цы бынаты аккаг вæййæм, уыцы бынат куы нæ фæ- ахсæм, уæд разынæм. Фæлæ бирæ хатт цы бынаты аккаг 415
м «лсд^ш иынаты куы фæбадæм, уæд свæййæм адæмæн худæджы хал. № 421 Арæх дзырд зонды руаджы нæ вæййы мидисджын, фæ- лæ кæрæдзийыл æууæнчы руаджы. №436 Иу адæймаджы базонынæй адæмы базонын æнцондæр у. № 458 Знæгтæ дæу тыххæй цы хъуыды кæнынц, уыдон рæст- дзинадмæ хæстæгдæр лæууынц дæ хæлæртты хъуыдытæй. № 459 Уарзондзинадæн ис алыгъуызон хостæ, фæлæ уыдонæй иуæй дæр ныфс авæрæн нæй. № 468 Хатт æнæмбæлгæ миниуджытæй равзæры стыр талант. № 473 Æцæг уарзондзинад ныл стæм хатт æмбæлы, æмæ уы- мæй стæм хатт дæр та ныл æмбæлы æцæг хæлардзинад. № 487 Адæймагæн йæ буарæй йæ сæры магъз зивæггæнагдæр У- 416 1
№496 Адæймæгты быцæутæ афтæ даргъ нæ кæниккой, аххос æрмæстдæр иу æрдыгæй куы уаид, уæд. № 502 Бæрц зонд, фæлæ æнæлаз, мах дзы къаддæр фæлмæ- цæм, стыр, фæлæ æмтъери зондимæ абаргæйæ. 27. Харебаты Л.
МОНГОЛТЫ АДÆМОН ÆМБИСÆНДТÆ Арахъ чи нуазы, уымæн йæ дзыппы æхца ахстон нæ кæ- ны. * * * Æрцæуы ахæм рæстæг дæр, æмæ домбайы бындзытæ бахæрынц. * * • Искæй цухдзинæдтыл йæхи фæранчы цæф ныккæны,. йæхиуæттыл та къуырттон карчы бадт скæны. * * * Сæныкк цас æвзонгдæр вæййы, уыйас гæппытæ фыл- дæр кæны, адæймаг цас къаддæр зона, уыйас йæ фындз: алы хъуыддаджы тынгдæр тъыссы. * * * Фос чи уарзы, уый вæййы сойбыл. * * * Судзин чердæм фæцæйцæуы, уыцы ’рдæм — æндах дæр. 418'
Дондыппыр мигъ арвæн у уаргъ, æнæгъдау фырт та — йæ ныййарджытæн. Мад хъуыды кæны йæ хъæбултыл, хъæбултæ та сæ дард фæндæгтыл. * * * Æмуд кæм сты, уым ис æхсыр, фыдæх кæм сты/ уым та — туг. * * * Хæларзæрдæ лæг- æдзух у -æнцад-æнцой, фыдцъылыс лтг та æнцой нæ фæзоны. * * * Паддзахы фыстæг базонынц йæ мыхуырæй, бæхы — йæ дозндæгтæй, лæджы — йæ дзыхы ныхасæй. * * * Фыды фæдзæхст у сыгъзæрин, мады фæдзæхст — зонд. - * * * Гуыбынæн ис бафсæдæн, цæстæн — никæд. * * ’* Цалынмæ хур арвы астæумæ не сфардæг, уæдмæ ахуы- рыл фæтагъд кæн. Бирæгъы зоны алчи дæр, бирæгъ йæхæдæг алкæй нæ зоны. 419
Дæ зæрды ис дард фæндагыл ацæуын — зил дæ бæхмæ, дæ зæрды ис дзугтæ сбирæ кæнын — зил сын сæ цотмæ. # * * Нсзты кой фехъусы æмæ йæ комыкъулты дон æрмизы; й^ысты кой фехъусы æмæ сындзытыл бадæгау авæййы. * * * Гæды цыргъ кæны йæ ныхтæ, лæг та — йæ зонд. * * * Ма ’нхъæлмæ кæс, цалынмæ сæгъы сыкъатæ арвмæ сы- рæзок, æмэё тбуа’йй къæДзил та зæхмæ æрыххæсса, уæДмæ. * * * Ныййарджытæ сфæлдисынц буар, ахуыргæнджытæ та — ж # * Хохы рæсугъд кæнынц бæлæстæ, паддзахады та — ахуыртæ. ’ Арф цæугæдон сабыр у, зондджын лæг та — уæзбын. ** ^ & • Райгуы^æн зæх’х нæ уарздзынæ— царды ад нæ бам- бардзынæ. * * * *-- Йс дæс æнгуылдзы, дæс дæр кусынц, ноджыма иу куы уард, уый дæр кусид. '420
* * * ’ Чидæриддæр æппæлы æмæ ныфсытæ æвæры, уый хъуыддаджы афтид у. ^ 1 * * * Бакусдзысты къухтæ — скусдзысты æфсæртæ. * * * Дывзагонæн кусы йе ’взаг, кусæгæн та — йæ къухтæ. * * * Халон мин азы дæр не сурс уыдзæнис, хъуыддаг йæхи гъæдæй никуы сырæздзæнис. * * * Цахæмфæнды куыст уа — адæймаджы рæсугъдгæнæг у. * * * Раджы рабадæгæн йæ бон даргъ у. » * * * Чысыл зивæг у стыр зивæджы мад. *' * * Æдылы къоппа — къæхты знаг. * * * Сывæллонмæ кард дæттæн нæй, зондцухмæ та — паддза- ад. * * * Зондцух йæхи арвæй бæрзонддæр æнхъæлы. 421
* * * ., Зондцух æмгарæй зондджын знаг хуыздæр у. * * * Хуры рухсмæ кæй нæ агуырдта, уый мæйы рухсмæ агу- ры. Уалдзæджы цынæ сарæзта, уый аразы зымæджы.- * * * Бонджын куыд зæронд кæны, афтæ зыддæр кæны. * * * Æнæ намысæй лæг тагъд бонджын кæны. * * * Мæгуырæн чи æххуыс кæны, уый хъæздыг кæны. * * * Æхсидгæ донæй кæй ныхсай, уый сыгъдæг у, адæм цы зæгъой, уый раст у. * * * Намысджын сылгоймаг дыууæ нæлгоймагимæ нæ цæры, намысджын лæг дыууæ хицауæн нæ лæггад кæны. * * * , Рæстдзинад цæсты ныхсы æмæ уды та сыгъдæг кæны. , * * * Бæх дугъы рæстæджы у рæсугъд, лæг та — рæстдзина- дыл дзургæйæ. 422
Æвзæр лæг йæ царм хъахъхъæны, хорз лæг та — йæ ном. Дам-думтæн цæрдæг къæхтæ ис. Хъæлæс дын ис — зар, курдиат дæм ис — фысс. * * * Стур хъуамæ йæ кæвдæс зона, лæг та — йæ бынат. * * * Саргъ бæхы рæсугъд кæны, хæдзары та — сылгоймаг. Мад мæн ныййардта, мæ хъуыдытæ та — мæхæдæг. Фыдæххæл бинонтыл сидзæр дæр худы.
СÆЙРÆГТÆ Новеллæтæ «Хæс» 5 Хосгæрдæны Ю Фыццаг фæндæй 12 Дыууæ фыстæджы 14 Уазджытæ 21 Ма мын дзур 24 Хъæды 25 «Мæ хъæбул, кæм дæ?!» 27 Дыууын æхсæз боны 29 Зæрдæ 33 Лирикон радзырдтæ Æртындæс æфсымæры 35 Сыкъа 36 Сывæллæттæ хъазынц 37 Æнахъом « 38 Къуыдыркалм 38 Дидинджыты баст 39 Сындзджын дидин 40 Ех, цы тала бахус 41 Дыууæ къабузы 42 Цæнкуыл цъиу 42 Мад 42 Рæвдыд кæмæ нæ хъары 43 Хорз ма ракæн æмæ фыд ма фенæй 43 «Æхсæрыл сыфтæр нал хæцы» 51 Хатын 55 Цин 56 Æртæсыфон кæрдæг 57 ***,(Дардмæ уынджы базонæм кæрæдзи) 58 Æмгары мысгæйæ 58 Сабыр хъуыдытæ нæ ног конституцийыл 60 *** !,(Ды мын дзырдтай: «Ды дæ фæлитой») 61 *** (Арвæй нæ, нæ рахауд, чызгай, де стъалы) 62 Мадæлон зæхх ’ 62 Ницы дæ домын 62
Гуыргъахъ фæндаг Мæ фыды мæлæнбон æмæ уый фæстæ Эмоци Æргом фыстæг ***< (Фыдæлтæй мын баззад: мæ райгуырæн къуым) Цыбыр уацаутæ Мæ инженер фыд «Мæ цонг мын ралыг кæн, мæ цонг» Намыс Иаргыз Хъазгæ-худгæйæ Æхсæвы фарн Петкæ æмæ дам-думгæнджытæ Æнæфæрсыгъд хъуыды Фыдæнхъæл !** (Мæ уд уа гас, кæна ифтонг цард) Хуыздæр радзырд Дзуапп иу плагиатæн *** (Кæсын дын де ’мдзæвгæ æмæ дын) Рецспт карьерæуарзæг подхалимæн Зондамындтытæ *** (Иуæй-иу) ДæУ/ Куплеттæ ***'(Хи рæдыдыл ахуыр кæны лæг) Ног æхсины лæг Фæсмон Модæты их /У1æ сыхаг Дыууæ цъыччы Ног аразæн æрмæг Рифмæтæ худынц Къæлæтджынæй-къæлæтджынмæ Афтид раздзог Хахуыргæнæг фыссæг Æхцауарзаг Нырыккон дохтыр Карды бын «уæууытæй» нæу Дам-думгæнджытæ Стыр ахуыргонд Цымыдис Хъæууон директор «Бездельник» алчи йæхæдæг Мæн æвзæр никæмæн фæнды Цы пайда у тамако? Фембæлд ...Уыцы бæстæйы Ме ’рвад Хандже Бюрбкрат Ницы аразыс Зæронд æмбисонд ног дарæсы А^æмы цæст уынаг у Уæдæ æндæр кæм бафынæй кæнон?..
Ногазон фын ш \ Мæ «хæстæджытæ» «Æз патриот дæн» Иуæй-иу «патриоттæ» Кляузник, дам дæ *** (’Хсыны æхсынæнтæ) Цæли Хъылма Поэт — фæныкгуыз Иучидæр «Æ» æмæ «з» ^ . Ног модæйы критик *** (Иры уарзт йæ риуы ссудзы) Уасджытæ *** (Футболисттæ, сымахæн гъеныр) *** к(Ма мын æппæл: «Уарзын Иры») Æрсидтытæ Æз фæрсын *** (Ничи баззайдзæн, ничи уæлæуыл) *** (Ма цин кæн химидæг де «знаджы» хабарыл) Кæмæн куыд ^Сорз æмгæрттæ кæмæн нæ вæййы Бæзæрхыджы нæ зоныс? Иры кувджытæ» Хицау де ’рдыгæй куынæ уа Н-йæн *** (Ныннæрст, ныууæззау) Паплой бахауд сагъæсы 221 223 228 229 230 231 232 2^5 238 239 241 244 245 245 246 246 247 248 248 248 249 250 253 258 260 261 263 263 Юмор æмæ сатирæ Ларнасы хæхтыл фыны 281 Цавæр дзырдæн цы уавæры нæй зæгъæн Сæтти æмæ Бæтти Куыдз æмæ афон 303 Дæлгоммæ ныхæстæ, рардтæ, базон-базонтæ Дæлгоммæ ныхæстæ Рардтæ Ахуд æмæ ахъуыды кæн Æлхысчъытæ Комментаритæ ма сæ хъуыд Ног æмбисæндтæ Сатирикон дзырдуат Цæрæгойты хъазт Цæуыл нæй æууæндæн Лæг цынæ фехъусдзæн 305 306 307 308 309 309 311 312 313 °]Л Сатирæйы æрмадз Къостайы сфæлдыстады Мæрддзæст 322 Сайæгой фæливæг 322
Поэты номæй хи хъалгæнæг 322 Цардиппæрд 3522 Горæты хицау 322 Кляузничы мæлæтыл 322 Скептик 323 Литератор 323 Эпитафи 323 Митæй мæсгуытæ амайæг 323 Универсал 324 Чидæр 324 Æппæлой 324 Фырхæрдгæнæг 324 Арвистон Фæрдгуытæ 325 Мидбылхудт — æнæнизы хос 330 Цыргъ ныхæстæ 330 Дзырдты айдæн - 333 Ам — цæф, уым — цæф 335 Æнæфæуд хъуыдытæ 341 Базырджын хъуыдытæ 342 Мæ фынтæ 343 Сабитæн Сывæллон дзы куынæ зæгъа , 344 Балонкæ 348 Бауырныдта йæ 351 Мæсыг хи дурæй сæтты 352 Ирон адæмы сфæлдыстад Æз-ма йын иу сом радтон 360 Над — развæлгъау 361 Пырындзы райуæрстой 362 Дыууæ сыхаджы 362 Æхцайы голлаг 364 Мæгуыр лæджы фырт — усгур 365 Тæлмæцтæ Гуырдзиаг юмор 368 Фæсарæйнаг юмор 370 Радзырдтæ дохтыртыл 402 Чи-ма цы загъта йæ мæлæты размæ 404 Стыр адæймæгтæ загътой: 407 Иухатт 408 Максимтæ (Франсуа де Ларешфуку) 410 Монголты адæмы æмбисæндтæ 418
Леонид ПетровичХаребаты ИЗ КРЕСЛО НА КРЕСЛО Рассказы, стихи, крылатые слова, сатира и юмор, переводы (на осетинском языке) ,е?0(П60е° 30660 Ь 60 ЬобОооСШ ЬоЗобо’еГОсЗоб ЬбЗб^сГба^О (ЭоотЬбоод&о, срз^Ьдоо, ^сзоа^оЪЭ^Ьо, Ьйфоба (ое> о^)9оо6о, отйбдЗобд &о) Художественный редактор Ф. Ф. Багасв Технический редактор А. И. Наниева Корректор Л. П. Дзагоева, А. И. Наниева Сдано в набор 19. 12. 88. Подписано в печать 23. 06. 89. Формат бу- маги 84х1087з2. Усл. печ. л. 22,60. Уч.-изд. л. 18,01. Тираж 1000 экз. Заказ типографии № 961. ЭТ 00 220. Цена 1 руб. 80 коп. Издательство «Ирыстон», 383570, ’г. Цхинвали, ул. Ленина, 3. ’, Юго-Осетинское областное полиграфическое производственное объединение Госкомиздата ГССР, 383570, г. Цхинвали, ул. Московска, 5.