Text
                    Михаил Юрьевич
ЛЕРМОНТОВ
Чиныгуадзæн «Ир» * Орджоникидзе * 1981


84Р1 Р1 Л49 Составитель Зинаида Хасанбековна Тедтоева Лермонтов М. Ю. Л49 Равзæрст уацмыстæ.—Орджоникидзе: ИР, 1981. — 296 ф. Лермонтов М. Ю. Произвсдения. В пер.: 1 р. 70 к. Л 70401—59 М131(03)—81 -28—81 © Издательство «ИР», 1981, 84Р1 Р1 Составление
Ш РАЗНЫХАС «...Иу адæмы литературæйы уац- мыстæ æндæр адæмы æвзагмæ тæлмацгонд кæй цæуынц, уый руа- джы базонынц адæмтæ кæрæдзи, хъæздыгдæр кæнынц кæрæдзийы хъуыдытæй, афтæмæй тыхджындæр кæиы литературæты æмæ зондаха- сты рæзт». В. Г. Белинский. Хетæгкаты Къоста ирон литературæйы цы ахсджиаг традицитæ ныууагъча, уыдонæй иу у ирон адæмы æндæр адæмты культурон хæзнатæй хайджын кæ- нын. Стыр поэты традици дарддæр хæссынц йæ фæдонтæ — уыдон ирон æв- гагмæ тæлмац кодтой æмæ кæнынц уырыссаг æмæ дунеон классикон лите- ратурæты уацмыстæ, Тæлмацы руаджы ирон адæм сæ мадæлон æвзагыл кæсынц Шекспиры, Шиллеры, Гюгойы, Пушкины, Гоголы, Лермонтовы, Шевченкойы, Некрасовы, Тургеневы, Толстойы, Чеховы, М. Горькийы, Р. Тагоры, Маяковскийы, Н. Ост- ровскийи, Фадеевы, Тихонсеы æмæ бирæ æндæрты уацмыстæ. Ирон æвзагмх тæлмацгонд цæуынц æфсымæрон адæмты, уæлдайдæр нæ сыхаг кавказаг адæмты литературæты хуыздæр æнтыстытæ, уыдонимæ Руставелийы æнæ- мæлгæ кадæг дæр. Тæлмацты бындурыл нæм рæзыд тæлмацы теори дæр* Ацы фарстыл цы куыстытæ ис, уыдоны æхс æн сæрмагонд бынат ахсы Ниге- ры уац «Цы у аив тæлмац æмæ куыд тæлмац у ирон æвзагмæ «Интернационал», Уым, бæлвырд æрмæг æвзаргæйæ, автор æрцыд раст æмæ æххæст теорети- кон хатдзæгтæм, амынд дзы æрцыдысты тæлмацы бындурон æууæлтæ æмæ сæйраг принциптæ. Уыдон бæлвырд ахъаз фесты нæ литературæйы ацы къабазы рæзтæн. Азæй-азмæ рæзы тæлмацы хъуыддаг. Ирон æвзагмæ цы æрмæг ивд цæуы, уым зынгæ бынат ахсы М. Ю. Лермонтовы сфæлдыстад, уымæн æмæ уый уыд Кавказы стыр зарæггæнæг; йæ нывтæ, йæ хъуыдытæ хицон уыдысты ирон адæмæн, ирон фысджытæн. Лермонтовы уарзын, уый бæрзонд аивадæн аргъ кæнын хæххон адæмтæн фæдзæхст у Къостайæ. Уыцы фæдзæхст хъуыд- дагæй æххæст кæнынц ирон фысджытæ—стыр поэты уацмыстæй дзæвгар фæ- хъæздыгдæр нæ культурæ. М. 10. Лермонтовы фыццаг тæлмацгæнæг уыд Гуырджыбегты Бласка. Уый дыгурон диалектмæ раивта Лермонтовы зындгонд æмдзæвгæ «Тама- рæ». Уым тæлмацгæнæджы къухы бафтыд уацмысы мидис æмæ ритмикон срæзт бахъахъхъæнын. Фæлæ тæлмацы хъуыддаг ирон литературæйы æрны- еыл æрмæст совеюн дуджы. 20-æм азты Лермонтоеæй цы уацмыстæ ивд 5
цыди, уыдоны æхсæн бæрæг дарынц Барахъты Гинойы тæлмацтæ. Бæлвырд у стыр поэты тæваг ирон поэзийы. Уый фæзынд Нигеры, Мали- ты Георгийы, Хьамбердиаты Мысссты æмæ æндæрты сфæлдыстадыл. 30-æм азты кæронæй фæстæмæ уæлдай тынгдæр рæзыд тæлмацы аивад дæр. Уыцы хъуыддаджы бирæ бантыст Нигер, Гулуты Андрей, Плиты Харитон, Мамсы- раты Дæбе, Хозиты Яков, Ардасенты Хадзыбатырæн. 1939 азы ирон æвзагыл фæзынд Лермонтовы уацмысты къаннæг чиныг, стæй хицæн чиныгæй роман «Нæ рæстæджы сгуыхт адæймаг» Цомайты Харлампийы тæлмацæй. Уæдæй фæстæмæ ирон мыхуыры арæхæй-арæхдæр зынын байдыдтой Лгр- монтовы уацмыстæ, уацтæ поэты сфæлдыстады тыххæй æмæ, йæ тæваг нæ литературæйыл куыд фæзынд, уыйфæдыл. Тæлмац æй кодтой Гулуты Анд- рей, Плиты Харитон æмæ Грис, Ардасенты Хадзыбатыр, Хъайтыхъты Геор, Цæрукъаты Алыксандр, Джусойты Нафи æмæ æндæртæ. Куыд комкоммæ, афтæ тæлмацты руаджы дæр Лермонтовы сфæлдыстад ахъаз уыд ирон ли- тературæйы прогрессивои традициты рæзтæн, нæ поэзийы аивдзинад бæр- зонддæр исынæн. Тæлмацгæнджытæ æнтыстджынæй æвдисынц, «Лермонтовы лирикæйы кæй ис дыууæ ныхмæвæрд темæйы: хуссар æмæ цæгат, хъарм æмæ хъызт, сæрибар æмæ цагъардзинад, æнтæф Кавказ æмæ уазал Бетъыр- бух». Уæлдай аив сты Грисы тæлмацтæ. Уыдоны æххæстæй зынынц Лермон- товы поэзийы арф мидис æмæ стыр аивадон хъару. Сæ аив хуыз нæ аивтой поэты иуæй-иу лирикон æмдзæвгæтæ Нафийы тæлмацты дæр. Тæлмацты хъæдыл куы дзурæм, уæд зæрдыл дарын хъæуы уый дæр, æмæ тæлмацгæнджыты раз ис бирæ цæлхдуртæ: уырыссаг æмæ ирон литературæ- ты эстетикон системæты хицæндзинæдтæ, дыууæ æвзаджы хицæн граммати- кон æмæ зæлон арæзтытæ æмæ æндæртæ. Уыдонæй æвзæрынц тæлмацты иу- æй-иу къуыхцытæ: арæх тæлмац нæ вæййы оригиналы идейон-аивадон æм- еæзадыл, бæлвырд нæ февдисы авторы хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ, уацмы- сы стилы æууæлтæ; иуæй-иу тæлмацгæнæг вæййы оригиналы тексты уацары, æмæ йæ тæлмац фæхалы мадæлон æвзаджы æгъдæуттæ; иннæтæ æгæр ахи- з’ынц текстæй, раст нæ ивынц хицæн дзырдтæ æмæ дзырдбастыты нысани- уæг; хатгай ахауынц хъуыдыхæссæг хæйттæ, науæд фæзынынц æнæхъуаджы дзырдтæ æмæ фæзилæнтæ. Тæлмацтæй бирæтæ нывыл кæй не сты, уый ха- тынц тæлмацгæнджытæ сæхæдæг дæр æмæ арфæй-арфдæр ахуыр кæнынц стыр поэты сфæлдыстад, йæ поэтикæ, йæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ, æр- кæсынц тæлмацты хъæдмæ æмæ афтæмæй бавналынц ног тæлмацтæм. Уый- адыл иуæй-иу уацмыстæн ис цалдæргай тæлмацтæ. Æмæ уыцы куыст цæуы дарддæр, бæрзонддæр кæны тæлмацы аивад. Лермонтов барджынæй бацыд ирон адæмы поэтикон дунемæ. Иæ хъуыды- :ы стыр гуманизм, йæ фæлгонцты рæсугъддзинад цæрæнбонты сæхимæ здах- дзысты нæ адæмы зæрдæтæ, нæ фысджыты уæлмонц кæндзысты сфæлдыста- дон куыстмæ. Нæ тæлмацгæнджыты нырма йæхимæ æркæсын кæндзæн поэ- ты куырыхон поэзи. Уымæй фæхъæздыгдæр ирон адæмы культурон цард, уый бафтыд ирон аивады национ хæзнадоныл. Тедтойты Зинæ. 6
ÆМДЗÆВГÆТÆ
ФÆЗЗÆГ Бабур ысты цъæх сыфтæртæ, Дардыл зилдухæй тæхынц, 'Рмæст ма хъæды заз бæлæстæ ’Нкъард цъæх дарæсы зынынц. Ауыгъд къæдзæхы дæлбазыр Сихоры ’нтæфы ’ куыстæй Хуымгæнæгмæ зæлдыл сабыр Абадыны зæрдæ нæй. Бар-æнæбары ныр хъæды Агуры æмбæхсæн сырд. Тар мæй быдыртæм æрдæтты Йе ’взистхуыз тынты æрттывд. БАЛЛАДÆ Рæсугъд чызг куы бады цъæх денджызы раз,. Йæ уарзон лымæнæн куы кæны ныхас: «Ды денджызы арфмæ æдæрсгæ ныххпз Æмæ мып мæ фæрдгуытæ уырдыгæй сис; Бæрæг уыдзæн уымæй дæ уарзондзинад!» Уæд æвзонджы сонт туг ысфыхт æмæ срад, йæ сæрызонд сонтæй æдзæмау фæци, Фынккалгæ уылæнты ныппæрста йæхи...
Æртæхтæ фæйнæрдæм нæмгуытау тæхынц, Уылæнтæ хи сисынц, фæстæмæ цæуынц. Сæ цæллахъхъ та сæмбæлди былтыл æмыр, Æрбахæсдзысты мын мæ уарзоны ныр. 0, амонд! Æгас у... ныр фахсыл фæхæст, Сты фæрдгуытæ йемæ... ныффæлурс æрмæст. Нæма уæнды ’рлæууын йæ фæллад къæхтыл, Йæ хуылыдз сæрыхъуын ныффæскъау — пыхцыл. «Гъеныр дæ æз уарзын æви нæ, чызгай? Куы скодтон мæ цард дæр дæ сæрыл уæлдай: — Дæ дзырдæй ныххызтæн æз доны бынмæ, Фæрдгуытæ уыдысты кораллы уæлæ. Гъа, айс сæ!» — æнкъардæй æдзынæг кæсы Гъеуымæ, кæй уарзтæй æрвылбон рæзы. Уæд дзуапп та уыд ахæм: «0 уарзон лымæн, Ысхæсс мын коралл дæр, кæд уарзыс ды мæн». Ныххызти та лæппу æнæныфсæй, кæд Ыссарид кораллы, кæнæ та мæлæт... Æртæхтæ фæйнæрдæм нæмгуытау тæхынц, Уылæнтæ ыссæндынц, фæстæмæ цæуынц. Æрбассæндынц ногæй гъеуыцы цыдæй, Æрмæст лæппу семæ куы нæ зыны... нæй... КАВКАЗ Мæ сабийы бонты мæн ме сæфт хъысмæт Сымахæй кæд атыдта, бастъæла уас, Уæддæр уæ мæ адæмы зарæджыйас Æз уарзын, о хæхтæ! Мæ сагъæс, мæ мæт Мæнæн у Кавказ. Чысыл ма куы уыдтæн, уæд амард мæ мад. Æмæ-иу куы хаста изæры мигъ хас, чУæд-иу мын фæкодтой мæ мады ныхас, Уæд базыдтон хæхтæй ныййарæджы ад — Æз уарзын Кавказ. Ыссардтон æз хæхты мæ амонды сæр. Æрлæууынц æрвыл уысм мæ цæстыты раз. Уым федтон фыццаг хатт æрвон зæды ’нгас, Мæ зæрдь:л куы ’рæфты, фæдзурын уæддæр: Æз уарзын Кавказ!.. 9
МÆГУЫРГУР Лæууыдис кувæндоны цур Фæллад, фæлмæстхуызæй мæгуыргур; Æххормаг, дойныйæ ныббур,— Фæуæд-иу уый хуызæн дæ фыдгул! Куырдта кæрдзыны мур æрмæст, Иæ цæстæнгас та ’вдыста тухæн, Æмæ йын цавæрдæр фæлхæрст Цæвæрдта дуры къæртт йæ къухы. Æз дæр дæ уарзонад куырдтон, Мæ зæрдæ мын æфхæрдта катай; Æмæ мын м ’ахсджиагдæр фæндон Ды дæр раст уый хуызæн фæсайдтай. ФЕЦЕ Лæудтæй тæнзæрдæ донзонуг, Феце хæдзарæн æ колдуармæ, Æстонг, инæрхгæ, æдонуг Кодта тухлæууæ æрдæгмардæй. Загъта æ зæрдæ дзоли карст, Зиндтæй ухери æ дондзæсти, 'Ма ин æ къохи дори саст Кадæр нивæрдта дзоли бæсти. Уоййау дæ уарзтмæ фæббæлдтæн Æз дæр æд зин, æд цæсти дон, Æма ку скодтай мæ сæнттæн Ду дорзæрдæй фæлнвд кæрон. РОМАНС Ды цæуыс хæсты быдырмæ, Фæлæ байхъус ’ххæст мæ дзырдмæ, Ма ферох кæ мæн. Кæд дæ лымæн дæу фæсайа, Зæрдæ сау цардæй куы стайя, Дард бæсты бынтон ныруайа
Де ’взонг уд дæуæн, Ма ферох кæ мæн. Исчи дæ ингæны цурмæ Куы кæна æмæ куы дзура 'Хсæвыгон дæуæн Сау рæсугъд чызгыл æнкъардæй, Цард кæуыл рацыд мæнгардæй, 'Цæгæлон бæсты-иу дардæй, О зынаргъ лымæн, Ма ферох кæ мæн. Ивгъуыд рæстæг дæм куы ’рцæуа, Чи зоны, тыхсын куы кæна, Де ’нкъард фын дæуæн: Хъустыл ку’ азæла хæрзæбон. Уарзты зард, кæнæ фыдæбон, Гъе та ’ндæр мыртæ фыдвæндон, Тарф фыны уæддæр Ма ферох кæ мæн. НАУПÆЛÆЗ Хæрзиунæг наупæлæз урс дары Æгæрон денджызон цъæхы... Цымæ дæрддаг бæсты цы сгары? Цы уадзы райгуырæн зæххыл? Фæйлауæн хъазы, дымгæ схъырны, Æртасы наудзæджындз, хъæрзы... Нæ, нæ, уый амондгур нæ тырны, Нæдæр йæ амондæй тæрсы. йæ быны — дон æрвирд, æхсиды, Р1æ сæрмæ — хурзæрин, æнцад,— Æнæнцой, уый та уадмæ снды, Цыма æрæнцой ратдзæн уад! ТЫХСТ УД Вайронæй Тыхст у мæ уд... Цæй, фезмæл, райс дæ фæндыр Æмæ дзы ’рцæгъд мæнæн æнцадæй. Æрхъазæнг де ’нгуылдзтæ. Æмæ мын ракæн ныр Дзæнæты зарджыты дæ цагъдæй.,. 11
Стæй, кæд нырма мæ риуы ис бæллын, Уый схъаздзæнис æрттиваг бонау... Кæд ис нырма мæ цæстыты цæссыг, Дæ цагъдæй фемæхсдзæни донау. Дæ зарæг уæд æнкъард... Мæ тыхст у стыр, Зын у мæнæн ныр хъæлдзæг зарæг... Æз дын зæгъын,— кæуын фæнды мæн ныр, Йе фехæлдзæн мæ риу,— мæ дарæг. Йæ бонтæ фервыста йæ царды уый зынтæй, Сыгъдис-иу сусæгæй, æнкъардæй... Ныр рад æрцыд,— ныр сонт у уый тыхстæй. Кæхцау йæ былтæм — дзаг фыдмаргæй. СЫХАГ Нæ зонын, чи дæ, ме ’рхæндæг сыхаг, Фæлæ дæ уарзын, хатын дын дæ уаг, Цыма стæм тыпг рагæй хæлæрттæ, Æниу хъысмæты хин æмæ кæлæн Дæуæй æнустæм баиртæстой мæн Нырмæ уал къултæй, стæй — мæлæтæй. Изæрæхспды удисгæ сырх рухс Куы бакæсы мæ ахæстонмæ цъус Мæныл фæстаг тынтæй узæлгæ, Нæ хъахъхъæнæг куы фæкæны æнкъард, Йæ раздæры тæхудиаджы цард Уысммæ куы æрбаймысы йæ зæрдæ,— Уымæл къулмæ уæд бадарын мæ сæр Æмæ фæхъусын — алыхатт мæн дæр Дæ зарджытæ сæ фæдыл сайынц. Цæуыл ысты — нæ зонын, фæлæ нæй Æнтъыснæг зæлтæн рох кæнæн мæнæй, Цæссыгтæ цадæг уайынц, уайынц. Хуыздæр азты ныфсытæ æмæ уарзт Мæ риуы ногæй сæндидзынц æваст, Мæ хъуыдытæ сæ тахтæй райынц, Мæ зонд рæмудзы, ницы йын у 'гъгъæд„ Мæ туг фыцы — мæ цæссыгтæ та уæд Зæлтау* кæрæдзи фæдыл уайынц. 12
БОРОДИНО — Зæгъ-ма, зæронд салдат, хæрзсыгъдæй Мæскуыйы бацахсын сæ тыхтæй Куыд баци францы бон? Куынæг хæстытæ дзы куы иæ уыд? Сæрыхъуын арц сæ коймæ слæууы! Уæрæсейы зæрдыл куы лæууы Бородинойы бон! — Ай-гъай, уыдис лæгтæ нæ бонты, Ныр нал ис ахæм сахъ хæстонтæ: Бæгъатыртæ — бæгуы! Хæрзамонд сæ нæ фæци царды: Сæ фылдæр карз хæсты фæмарди... Фыдгулæн иу хуыцауы ардæй Лæвæрд æрцыд Мæскуы! Чъылдыммæ ’нæсыбыртт цыдыстæм, Мах тынг фæндыд хæцын, тыхстыстæм, Цыд зæрæдты ныхас: «Кæдæм? Зымæгон хъарм хæдзæрттæм? Кæм ис нæ хицæуттæм сæ зæрдæ? Ие нæу æцæгæлон мæнгæрдтæн Уырыссаг джебогъ тас?» Фæзынд егъау быдыр нæ разы: Уыдис уым байвазæн, æрхъазæн! Хæцæн кæнæм цæрдæг. Фыдгултæм хъусæм мах къæрцхъусæй, Нæ топпыхос та дарæм хусæй. Куы фæ^рд бон сæумæйы рухсæй, Уæд федтам: франц хæстæг. Нæмыг мæ хотыхы ньшнадтон: Мæ хæлар франц, æз дæм дзы раттон! Фæлæуу, мусыо, чысыл! Цы ма лæууæм? Бырсгæ у размæ; Уæхски-уæхск цомут тохы карзмæ! — Хæцдзыстæм мах нæ удæгасæй Нæ райгуырæн бæстыл! 13
Æхстам дыууæ боны кæрæдзи,— Æцæг хæстæн амал нæ фæци, Æртыккаг бон кæсæм. Фæйнæрдыгæй ныхæстæ хъусæм: «Хъæуы нæ сармадзанæй скусын!» Фæлæ тæссаг хæцæн æрдузы Æрæнцадис æхсæв. Хуыссын мæ сармадзаны фарсмæ, Мæ хъустыл уади боны скастмæ, Куыд цин кодта француз. Куыд сабыр уыд нæ хæцæнуат та! — Чи хæсты скъуыд дарæс рæхсадта, Чи й’ арц хъуыр-хъуыргæнгæйæ даудта, Чи — арты цур ныхъхъус. Фæлæ куы раирд бонрухс арвыл, Нæргæ уæд базмæлыдис дардыл Æфсадæй дзаг быдыр. Нæ булкъон саггуырд уыд йæ мадæн, Ныфс — паддзахæн, фыд та — салдатæн, Фæлæ — хъыгаг; фæмард булатæй, Уый саумæры ис ныр! Цæхæртæкалгæ загъта махæн: «Лæппутæ! Нæй Мæскуыйæн раттæн! Мæлгæ нын ам у ’рмæст Нæ сæфт æфсымæртæн сæ фæстæ!» Ард иумæ бахордтам æд гæрзтæ... Бородинойы судзаг хæсты Æрцыд нæ дзырд æххæст. Цы бон уыд! Фæздæджы гуылфæнты Æгæнон францаг размæ ссæнды Нæ хæцæнтæм æваст. Сæ бæхджын æфсад зæхх æнкъуыста, Иæ фæстæ фистæг æфсад сыстад, Хæстыхъæр æмæ богъ-богъ хъуыстам, Бон тартæ кодта раст. ’ Нæй фенæн ахæм бырст уæ рæстæг,— Фæйлыдтой тырысатæ хæсты, Калд сау фæздæг, сыгъд арт, Цъыкк кодта кард, сырх нæмыг тади, 14
Æфсæддон марынæй фæллади, Обæуттæ сысты мæрдтæ, хауди Дзыхъхъынног мардыл мард. Уæд не знаг бавзæрста йæхиуыл, Цы у уырыссаг цæф-æрмриуыгъд, Нæхи æрми-æрмхæст. Зæхх рызт нæ риутау; адæм," бæхтæ Æмхæццæ сысты; фæзтæ, рæгътæ Рызтысты хотыхты гæрæхтæй, Æмбу ма хьуыст æрмæст. Æрталынг. Мах цæттæ уыдыстæм Сæумæйыл ног хæстон бырстытæм,— Фæндыди мах хæцын... Фæлæ куы сцагътам барабантæ, Уæд лидзæг фесты басурмантæ. Хынцын уæд систам нс стыр зиантæ, Æфсымæрты хынцын. Ай-гъай, уыд сахъ лæгтæ нæ бонты, Ныфсхаст, зæрдæвидар хæстонтæ, Бæгъатыртæ — бæгуы! Хæрзамонд сæ нæ фæци царды: Сæ фылдæр карз хæсты фæмарди. Фыдгулæн иу хуыцауы ардæй Лæвæрд æрцыд Мæскуы! АХÆСТ Цæй-ма, бакæнут мын рудзынг, Равдисут мын арвы цъæх, Ракæнут мæм саурæсугъд чызг, Раласут мæм саубарц бæх! Раздæр уал æвзонг рæсугъдæн Тынг ныпъпъа кæнон йæ русæн, Бæхыл абадон æваст, Быдырмæ тæхон æмраст. Фæлæ ахæстоны рудзынг У бæрзонд, æхгæд — йæ дуар. Дард у, дард мæнмæ рæсугъд чызг. 15
Дард у уый хъæздыг хæдзар. Иунæгæй æнæ идонæй Уайы хъæлдзæгæй, уæндонæй Цъæх тыгъд быдыры дзæбæх, Къæдзил хъплæй даргæ бæх. Иунæг дæн, мæ зæрдæ — талынг; Къултæ м’алыварс — бæгънæг. Цырагъ тарцъæх фæздæг калы, Рухс сындæг кæны мынæг. Гъе, ’рмæст хъусын: дуары фæстæ Сабыргай æхсæвьт цæстæй Цырыхъхъы хъыс-хъыс цæуы, Уый уым хъахъхъæнæг цæуы. * # * Мæ хъыг, мæ пехуымпарон хъыгыл худгæ ма кæн; Зыдтон: хъысмæты цæф нæ февгъуийдзæни мæн; Зыдтон æй æз: мæ сæр,— кæй-иу рæвдыдтай алкæд,— Дæ хъæбысæй сæркъуырæнмæ цæудзæн. Дзырдтон дын æз: нæдæр мын кад, нæдæр мып амонд Нæй дунейыл ыссарæн,— ралæудзæни афон — Æрхаудзынæн; уæд хинæйдзаг ызнаг Мæ курдиатыл худгæйæ кæндзæн цъыфкалæн. Æвæдæй аскъуындзæн сæ таг Мæ ныфсытæ, мæ хъизæмарæн. Мæлæт, æнафоны мæлæт. Нæ дæн тæппуд. Куы фенин пог дуне,— бæллын æм рагæй. Ныссæндæд бардз мæнæн мæ кадджын худ,— Фыссæджы худ, сындзытæ дзагæй!.. Цæй, фод! Зынаргъ мын уый нæ уыд. # * * Дæ хъæлæс куы фехъусын,— Зæлджын æмæ уарзæгой,— Къалатийы цъпуау Зæрдæ пæррæст кæны. 16
<-0 Куът фенын дæ цæстытæ Æрвгъуыз æмæ арфæй,—■ Уæд риуæй сæ размæ Мæ уд йæхи фæкуры. Куыддæр хъæлдзæг вæййын, Кæуын мæм фæцæуы; ^Гъеуæд дæ бæрзæйыл ;Мæхи æз атухин. ХЪАЗАХЪХЪАГ АВДÆНЫ ЗАРÆГ Ахуысс, о мæ зынаргъ саби, Афынæй у, цæй! Сабыр д’ авдæнмæ æркасти Уæлæ худгæ мæй. Аргъæуттæ дын ракæндзынæн, Азардзынæн æз. Ды сындæг æрфынæй уал у... Амондимæ рæз... Дурты ’хсæнты Терк фæйлауы... ^\ Систа уылæн зард. ^ц Цæцæйнаг мæстыйæ дауы ’ Доны был йæ кард. Ц) Фæлæ у дæ фыд фæлтæрд лæг, <Ц} Нал тæрсьг зынтæй. ег\ Хуысс, мæ хъæбул, хуысс, мæ иунæг, ^ Афынæй у, цæй. Ды дæхæдæг бавзардзыиæ Карз тохы зын цард. Саргъ -дæ бæхыл бавæрдзынæ, Райсдзынæ цыргъ кард. Æз хæрдгæйæ тохы саргъæн Скæндзынæн йæ хуыз. О мæ цин, мæ зæрдæдарæн, Сабыр уал ды хуысс. У уæйыгау раст дæ бакаст, Хъазахъхъаг зæрдæ. Æз зæгъдзынæн дын: «Фæндараст!» Къух-иу тил мæнмæ. Цас цæссыг мæнæн^дафан, Уайдзæн цæ^ыгЗЙТГ Акæн аддщлн хуыст, мæ уарзон, 2 М. Ю. Лермонтов * » I Ц в Н Т Р 6 Л Ь Н 3 Я 1
Афынæй у, цæй. Зæрдæ ’нкъарддзинад хæрдзæни,— Ку ’ацæуай, ды, куы, Бонты, ’хсæвты уæд кæндзæни Рыст зæрдæ хъуыды. Уайдзæни мæнæн мæ цæстыл: 'Нкъард кæныс кæмдæр. Ахуысс уал, мæ уарзон хъæбул, Базмæ ’руадз дæ сæр. Уастырджийы хуыз фæндагмæ Ратдзынæн дын æз. Кув-иу, кув, мæ хур, хуыцаумæ,. Зон, æмбар дæ хæс. Хъус, тæссаг тохмæ цæугæйæ Ма уæд рох дæ мад, Ма-иу æй ныууадз кæугæйæ... Ахуысс уал аенцад. * * * Ис ахæм ныхæстæ: Сæ хъуыдытæ — талынг, Фæлæ сæм нæ зæрдæ Иæ хъынцъым ыскалы. Ис бирæ сæ зæлты Æнахуыр фæндæгтæ! — Фæхицæны катай, Стæй фембæлды сæнттæ. Нæ ратдзæни дзуапп дæр Æхсæнад йæ тыхстæй Сырх арт æмæ рухсæй Фæзынæг иыхæстæн; Æз аргъуаны, тохы,— Кæмдæрид куы фæуон,— Куы хъусон сæ зæлтæ,— Уыдзынæн сæ фæдон. Ныууадзин мæ кувын, Дзуапп раттын фæразин,— Æз уыдонæн тохæй Хи фехсин сæ размæ.
УАЦАЙРАГ БÆГЪАТЫР Ныккæнды рудзынгæн бадын йæ разы; Арв мæм æрттивгæ бæрзондæй фæзыны; Мæргътæ сæрибарæй уæлдæфы хъазынц, V Бафты сæ фендæй дывæр зын мæ зыныл. ( Арвмæ нæ хъарын мæ уды мæстытæ, Нал кæнын зарæг мæ уарзты нывондæн; Зæрдыл ма дарын мæ рагон хæстытæ Ме ’хсары цирхъ æмæ ме згъæр æндонæй. Гъеныр та дурын ызгъæр ис мæ фæрстыл, Дурæй — мæ танхъа, мæ сæр мын æлвасы, Фат æмæ кард мæм нæ цæуынц æввахсты, Фæзы мæ саулох уæгъдидонæй уасы. Рæстæг—мæ дугъон, уый не ’взары къултæ,— Танхъайы ’фсæн хыз — мæ ныккæнды сисдзæф, Дурын ызгъæр та — бæрзонд æмыр къултæ. Уарт мын æндон дуар — сæ аххос мæ ристæн. Тагъддæр ызгъор, цæй, рæубазырджын рæстæг! Ахæсты сау катай зæрдæмæ ’фсæры. Мæнæ куы ’рцæуон мæ адзалы бæстæм, Фехсдзынæн гъеуæд мæ цæсгомы ’фсæнхыз! * * * Гетейæ Тарæй хæхты тигътæ Нал зынынц æппын. Сатæг фæлм ныджджихтæ Арф кæмтты рæбын. ■Фервæзт рыгæй фæндаг, Хьæд ныдзæм, ныссым. Мауал цу дывæндæй, Ам æркæн фысым. ФЫДЫЗÆХХ Фыдызæхх уарзын æз, фæлæ мæ уарзт у диссаг! Мæ зонд æй не ’взары, фæци мæ сæр мæ кой. Мæ удмæ нал хъарынц нæдæр фыдæлты риссаг, Нæдæр сæрыстыр кад, нæдæр фæрныг æнцой — Нæ тар ивгъуыд дугтæй цы цаутæ баззад, уыдон, Нæдæр сæ буц вæййын, нæдæр дывыдон. 19
Фæлæ, куыдфæнды уæд, уæддæр æз уарзын Нæ тархъæдтæн сæ мадзура хъуыды, Нæ дардыларм, нæ сусæгцин быдыр, Нæ ивылд дæтты хохулæнты хъазын. Æз уарзын, сау æхсæв бæхуæрдоныл куы Уайыя Æмæ куы фæкæсын бындзыты тармæ, уæд/ Мæн дардæй хъæуты рухс, æрхæндæг рухс куыд сайьт, Ыстæй куыд айсафы фæллад бæлццоны мæт. Æз уарзын кæрддзыхты сыгъдæттæ, Æхсæвдзу чырæтæн сæ хъазт, Куыд лæууынц бæрзытæ дыгæйттæй Нæ хуымты, ног бинонтау раст. Нæ уыдзæн бирæтæн æхсызгон, Фæлæ мæнæн дæттынц æхсар: Нæ хъæуты дзаг мустæ фæззыгон, Хъæмпагъуыст, рухсфæрссаг хæдзар, Ыстæй уæд не ’ртæхдзыд изæрты Нымд хъазт æмбисæхсæвмæ раст, Сæ дзуццæг, се схъиуд кафт, сæ хъæртæ, Нæ расыг музуччы ныхас. АЙНÆГ Мигъ, сызгъæрин мигъ фысым ыссардта Айнæгæн æхсæвыгон йæ риуыл, Райсомраджы схæцыди йæхиуыл, Арвыл хъазгæ уый йæ фæндаг дардта. Уæд уымæл фæд айнæгæн йæ фæрстыл Баззад. Уым зæронд айнæг куы лæууы, Арф хъуыдыты бацыди, ныккæуы Иунæгæй, сабыр, æдзæрæг бæсты. БЫЦÆУ Скуыддзаг Шат-хох æмæ дын Хъазбегмæ Се ’мсæр хæхты раз 20
Иуахæмы уæд куыддæртæй Рауади ныхас. «Хъахъхъæн мын дæхи!—Хъазбегмæ Дзуры урссæр Шат,— Ды лæвар лæгмæ нæ радтай Де рохтæ, æрвад! Сараздзæни дын дæ рындзтыл Адæймаг хъæутæ. Февзæрдзæн дæ комрæбынты Цыргъ фæрæт нæргæ. Æмæ ’рхуы, сызгъæрин къахгæ, Гъери-гъа, йæ фаг . Бел дæуæн дæ дурын риуы Байгæрддзæн фæндаг. Мигътæ, цæргæсты йедтæмæ Кæм нæ уыд тæхæг, Уыцы рындзтыл уаргъхæсджытæ Уайынц ныр рæуæг. Хин у лæг! Йæ фыццаг къахдзæф Кæд зын уыд, уæддæр У тыхджын лæгджын ’ Ыскæсæн, Хъахъхъæи дзы дæ сæр!» — Æз Ыскæсæнæй нæ тæрсын! Уый фæци ныр рох,— Уайтагъд ын дзуапп куы дæтты Хъазбегаты хох. Фарæстæм сæдазы дæргъы Хурыскæсæны Адæймаджы фырт йæхицæн Тарф фынæй кæны. Бакæс: дæргъытæ салбарыл Адджын сæны фынк Хуыссæгдзаст гуырдзиаг калы Тæрс бæласы бын. Уæртæ — Ерусалимы хæд бын Иу æдзард бæстæ, Арв æй басыгъта, ныдзæм ис, Нал кæны тæлфгæ. Дарддæр, аууон чи нæ федта, Уыцы Нилы дон Паддзæхты зæппæдзты дуртæ Æхсы уыраугæ бон. Бедуин, нывæфтыд цатыр Саразон, зæгъгæ, 21
Уый сæраппонд стæры цæуын Ферох кодта ’мæ Арвыл стъалытæ хынцгæйæ Рагон фыдæлты ысгуыхтыл Зарджытæ кæны. Ам цæуылдæрид æххæссы Адæймаджы цæст, Уым кæрæй-кæронмæ иуыл Хуыссæгыл у хæст... ФЫН Дагъыстаны æмбисонды æнтæфы Нæмыгдзæфæй хуыссыдтæн æз æдзæм, Нырма фæздæгау тугдæф цыд мæ цæфæй, Мæ алывæрсты ахстæй туг ныццæм. Хуыссыдтæн æз тæвд ызмисыл дзæгъæлæй. Мæ алфæмблай — бæрзонд хæхты рæхыс. Сыгъта сæ хур, сыгъта мæн дæр цæхæрæй, Сыгъта, фæлæ уыдтæн мæрдвынæй æз. Уыдтон ма фын: цырæгътæй рухс хæдзары Нæ уæзæгыл изæргуывды — æнцой. Æвзонг устытыл дидинвæлыст дарæс... Æрхауди сæм фырхъæлдзæгæй мæ кой. Фæлæ дзы иу, сæ цинæй хи фæливгæ, Зæрдæхæлд сæнтты,— чи зоны, цæмæн,— Уыдис ныгъуылд... йæ цæсгомы хуыз ивгæ, Æнкъардæй бадти хъал рæсугъдты ’хсæн. Æмæ йæ цæстыл уади: Дагъыстаны Иæ зонгæ мардæй арф комы лæууы. Иæ риуы цæфæй дард, сæрсæфæн раны Фæстаг туджы цъыртт уазалæй цæуы. ТАМАР Дайраны уынгæг комы ’фсæры Æрра Терк, ныхъхъæрзы уæззау.
Зæронд мæсыг доны хæд сæрмæ Цъæх айнæджы тигъыл ныссау. Уым рагæй йæ бонтæ æрвиты Æгъуыстаг паддзах-ус Тамар. Æрвон зæдау,— диссаг йæ фидыц, Дæлимонау,— хинуд, мæнгард. Гъеуырдыгæй талынг æхсæвты Æрттывта сызгъæринау зынг, Æрттывта фæндаггоны сæфтыл,— Дзæнæты къæсæрау æм зынд. Тамары æрдаг хъæлæс хъуысти — Зæрдæсай, кæлæн æмæ хин, Йæ монцы тыхсæттæг æвзыстмæ Нæ урæдта ничи йæхи. Йæ зæды хъæлæсмæ цыдысты Сæудæджер, æфсæддон, фиййау, Сæ раздуæрттæ гом-иу уыдысты, Дзæдæл-иу сæм ракаст лæгау. Уыд æфсин та пух хуыссæн базыл Æрттивгæ фæлыстæй цæттæ. Сæ разы, куы сæ фæнда нуазын,— Дыууæ кьусы дзагæй сæнтæ. Тыхстысты кæрæдзийыл къухтæ, Дзых дзыхыл мыдадзау æндæгъд, Æгас æхсæв-бонмæ æдзухдæр Хъуыст мæсыгæй сонт хъæр, æмдзæгъд. Цыма-иу æвзонг сылты уарзтмæ Сæдæгай лæппутæ тындзгæ Цыдысты чындзæхсæвы хъазтмæ, Гъе судзаджы марды кæндмæ. Фæлæ-иу сæууон хур куы ’рбакаст, Куы айтыгъта кæмттыл йæ тын,— Ныссабыр-иу мæсыджы ахаст, йæ рухс дæр-иу нал калд æппын. Æрмæст-иу ызнæт Терк фæйлаугæ Дайраны нæ зыдта æнцой. 23
Фæйлауæп фæйлауæныл хаугæ Кæрæдзи æууæрдгæ сырдтой. Фæхастой-иу мадзура марды Кæугæ-кæугæ уыдон дæлдæр. Тамар-ну æм ракасти дардæй, Ныббар, зæгъгæ, зæлыд йæ хъæр. Сæ фæхицæн афтæ æхцон уыд, Сæ хъæлæс та афтæ уаз хъуыст, Цыма та йæ фембæлдмæ хоны Иæ уарзоны адджын хъæбыс. ТУЛДЗЫ СЫФ Фæхицæн и тулдзы сыф уарзон ныййарæг къабузæй, Т1æ разæй йæ быдырты карз уад фæхаста фæлурсæй; Кæм уазал, кæм тæвд æмæ мастæй ныххус æмæ баруад; Æмæ ныр фæстагмæ уый Сау денджызы былмæ бахауд. Уым Сау денджызы был æрыгон тæрс хибарæй зайы; Сыбар-сыбургæнгæ йын дымгæ йæ сыфтæ рæвдауы; Дзæнæты мæргътæ йын йæ къалиутыл хъеллау куы кæнынц, Уым денджызы паддзах-чызджы кадыл зарæг нывæндынц. Бæрзонд тæрс бæласæн йæ зæнгыл фæндаггон ныттыхсти; Æнкъардæй дзы куры, цæмæй йæм фæкæса йæ тыхсты. Зæгъы йын уый афтæ: «Æз тулдзы мæгуыр къаннæг сыф дæн, Æз афонæй раздæр ысцæттæ дæн уазал бæстæйы. Æнæ нысан иунæгæй рагæй æз дунетыл зилын, Æнцойад нæ зонын, ныххус дæн, тыххæнты ма хилын. Æрхауæггаджы ма, цæй, райс ды дæ налхъуыт сыфтæртæм, Æз зонын фыдбирæ фырдиссаджы зондджын таурæгътæ». «Цы дæ кæнын?—загъта æрыгон тæрс бæлас,— ды бур дæ, Рыгæйдзаг, ды къайæн нæ бæззыс мæ цъæхбын хъæбултæн. Ды бирæтæ федтай — цы кæнын дæ рæсугъд таурæгъгæй? Мæ хъустæ къуырма сты сæ зарынæй дзæнæтон мæргътæн. Цæй, араст у дарддæр, фæндаггон! Цу, дæу æз нæ зонын! Æ!з хуры хъонах дæн, æрттивын, уый царддæттæг хонын; Æз ацы тыгъдады куы байтыгътон арвмæ мæ цæигтæ, Æхсы мын мæ уидæгтæ денджыз йæ уазал уылæнтæй. 24
* * * 1 Æз фæцæуын иунæг æмæ хъусæй, Мигъы дард æхсонвæндаг зыны. Æхсæв — сабыр. Зæхх хуыцаумæ хъусьь Стъалы дзуры стъалымæ, тырны. 2 У уæларв ныр циндзаст æмæ диссаг! Зæхх хуыссы хæрæмигъы æнцад. Уæд мæнæн цы у мæ зын, мæ риссаг? Цард мæнæн цæмæн нæ кæны ад? 3 Цардæй æз æнæнхъæлцау дæн, хибар. Царды иунæг хорз мысинаг нæй. Мæн хъæуы æнцой æмæ сæрибар. Мæн фæпды зæрдæрохæй фынæй. 4 Уд æрмæст мæрдырохыл нæу разы. Мæн фæнды, æдзæм фынæй куыд уонг Риуы цард мынæг рухсау куыд хъаза, Стæй куыд уа ысулæфып мæ бон. 5 Мæи фæнды — æхсæвæй-бонæй зара Исчи дардæй, уарзонау, фæлмæн. Тулдз мæ уæлхъус саудалынг куыд дара, Стæй куыд хæсса таурæгътæ мæнæн. # * # 1 Æхсидгæ уарзт нæ кæнын дæу, миййаг. Мæн тыххæй нæу дæуæн дæ рæсугъддзинад. Уыныи дыл æз мæ ивгъуыд цард — зындзинад— Æмæ куыд байсæфт ме ’взонг бонты таг. 25
2 Мæ цæстæнгас куы аздæхы мæнæн Дæ цæстытæм хæрз арф, дæргъвæтин кастæй — Нæ февдæлы мæн сусæггаг ныхасæй, Мæ катай уæд нæ фæкæнын дæуæн. 3 Æрыгон чызг, мæ рагбонты хæлар! — Æз уымæн уæд мæ сагъæстæ фæдзурын. Фæагурын дæ цæсгомыл йæ сурæт; Уый бамынæг, йæ рухс бон ыл ныттар. ДЗУАР АЙНÆГЫЛ Бæрзонд айнæг зонын Кавказы ’хсæн æз, Ыстæхдзæнис уырдæм æрмæстдæр цæргæс, Сау дары хъæдын дзуар йæ цъуппыл уæддæр, Къæвда æмæ уадæй æмбийы йæ сæр. Уый арф кæмттæм дардмæ куы зыны, уæдæй Дзæвгар азтæ ацыд æнæ иу фæдæй. Иæ къабæзтæ систой уæлæмæ сæхи, Цыма сæм раст мигъты æрцахсын фæнд и. Тæхуды, куы ссарин гъеуырдæм æз фæд, Фырцинæй куыд кувин, куьтд фæкæуин уæд; Мæ царды рæхыстæй ысуадзин мæхи Стæй уадæй мæхицæн æфсымæр зæгъин!
КАДДЖЫТÆ
КАЛЛЫ’ Скъуыддзаг I «Хъару ’вдисæн рæстæг æрцыд, Æмæ дын ныр зæгъын мæ суоæг. Мæ уынаффæ—хуыцауы дзырд: Ард хæр, кæй йæм уыдзынæ хъусæг. Куыддæртæй фервæзтæ ды, зон, Сæ къухтæй тугæйдзаг лæгмартæн, Цæмæй, куыд амоны закъон — Дæ мæрдты туг ды райсай кадæн; Дæхиуыл ма нымай дæ цард. Дæ сахæттæ, дæ цыбыр рæстæг: Цæрыс ды мастисынмæ ’рмæстдæр,— Ахбулат хъуамæ ’рцæуа мард! — Дæ æфсымæр, дæ фыд, дæ мад Куы мардысты фыдгулы къухæй, Уæд арвæй иу хъуыддаг куырдтой: Цæмæй ма искæмæн сæ тугæй Иæ къухтæ знаджы фаг ысуой! — Ды ма равдис дæхи нæуæндаг, Ныууадз тæригъæдтæ кæнын; Хъысмæт дын равзæрста зынвæндаг, Фæлæ йыл бафæраз цæуын. Сæ фыдмиты тыххæй адзалæй Дæ фыдгул туджджынты хæдзарæй Ды иуæн ма бакæн хатыр, Сæ куынæджы сахат æрхæстæг! — Цæй, айс, дæ зæрдæмæ мæ хæрзæг — Булат хъама, ’мæ цу гъеныр!» — Дзырдта фыд-зæрдæ молло афтæ, Æмæ йын сауцæст кæсгон лæг, Р1æ хъамайæн йæ рыгтæ хафгæ, Черкесагау: лæгмар. 28
Æнцад йæ ныхæстæм хъуыста. Æвзонг уыд уый зæрдæ ’мæ азтæй, Тæппудæй йæм нæ уыдис фау Æмæ фыдæлтыккон æгъдау Цæттæ уыд баххæстмæ йæ мастæй; Ард бахордта — сæ сæр фыдбон Кæй фендзæнис æхсæвыгон. II Æрныгуылд хур. Аджи хъуынтъызæй Хæты ныр къæсы цур... фынау У бæстæ сабыр æмæ сау; Мæй бур-бурид ыстъæлфæнау Ныгъуылы мигъты бын фыдхуызæй, Уад ниуы сонт æмæ кæуы. Æндæргау лæппулæг цæуы Гъеныр йæ мысаны къæсæрмæ; Иæ хъамæ кæрддзæмæй сабыр Чысылгай ласы ныр уæлæмæ... Уый хъусы талынджы хуыр-хуыр... Аджи нæ хъуыды кæны дардыл: Фæцавта знаджы риуы ’васт Йæ хъама фистоны онг раст Æмæ йæ фездухын фæлвары... Лæгмары хъысмæт у хæрам, Кæрон йæ хъуыддагæн куыд ара? — Фæмардис иу; уадз, фыд дæр, дам, Иæ фыртимæ йæ туг ныккала! — Иæ размæ зæронд лæг, йæ уынд Иæ зæрды ’нцойдзинад æвдисы; Иæ урс зачъе дзæбæх æрзылд Йæ дзыхы фæйнæ фарс, Риу исы Иæхи хæрдмæ æнцад, æмæт. Иæ къухтæ кувæны æвæрд! — Аджи, дæ цæстытæ куы ’руагътай Бынмæ къæмдзæстыгау, куыд у? Нæ хъусыс масты хъæр, фыд катай?.. Гъеуый дæ мард фыды хъæр у! — Æмæ йæ хуыссæнæй æртылд Сындæг йæ туджы мæцгæ зæронд; Адзалы хъæбысы йæ уынд Æваст æрбаивта, фæтæссонд; Фæкасти ’взонг лæгмар цæхгæр... 29
Æмæ та агуры æндæр! — Ысгары къулрæбын, цæст сайы, Йæ размæ ничи ис æппын, Æрмæст пæхи зæрды цæвын Йæ хъустыл азæлгæйæ уайы... ХАДЖИ-АБЫРÆГ Егъау у бонджын хъæу Джемат, Уый хъалон никæмæн фæхæссы, Иæ къул — æрмыдаргæ болат, йæ мæзджыт хæцæны фæлгæсы. Иæ цот — йæ сæрибар фæлтæр Хæстон тæмæнты сты фæлтæрд, Сæ кой æгас Кавказыл ахъæр, Æддаг дзыллæтыл у хæлиу, Æмæ уырыссагæн йæ риу Сæ фехст нæ февгъуыд иунæг хатт дæр.. Хур арвыл тулы, бон — æнтæф, Æнцад къæдзæхтæй хъары тæвд, Гæзæмæ зынгæ цæргæс мигъы Р1æ базыртæ уæззаугай уигъы; Сты кæмттæ сабыр фынæй; нæу Æрмæст æнцой, æнæзмæлд хъæу. Фæдисдзыд — уый æрафтид абон, Йæ уынгты иу фезмæлæг нæй, Æмæ раст айнæджы бынæй, Кæм кæлы хохы рæбын суадон, Уым рог дымгæмæ бадынц ныр Къæрцхъус лæг-лæппутæ тыгуыр. Цымæ цæуыл кæной тæрхæттæ Джематаг саггуырдтæ иыр ам? Миййаг, фыдгулты бæхрæгъæуттæ Фæтæрыныл? Æви хæрам Уырыссæгты бырсæг æфсады Фæзынынмæ у ныр сæ каст? Нæ, уæздæтты цæсгæмттыл бады Æрмæст тæригъæдимæ маст. Сæ астæу лекъаг зæронд дурыл Æнкъардæй бады; у æмбæрзт Кæйдæр бызгъуыртæй; уый сын дзурьг Йæ хабар: тагъд æххуыс сæ куры
Æмæ сыл ахæссы йæ цæст; Нæры йæ хъæлæс хохаг донау, Æмæ йæм хъусынц. Уый дзырдта: «Хуыцау мын радта цин зæрондæй — Æртæ чызджытæ, ’ртæ фырттæ; Фæлæ хъыгаг уад маст æрхаста Æмæ бæласы цæнгтæ ’рсаста... Хæрз иунæг баззадтæн æз ныр, Цы ма дæн — хъугомы къуыдыр. Рыстæй ныззæронд дæн. Мæ урс сæр У уалæ цъитийæ фæлурсдæр, Фæлæ ма миты бын дæр хатт Фæкæны ’хсидгæ дон йæ уад!.. Джематы саггуырдтæ, мæ разы Æрлæуут, равдисут уæхи: Чи зоны Бей-Булаты, кънйазы? Мæ чызджы чи раздахдзæн, чи? Иæ хотæ уацары сты — хæсты, Мæлæт ын йе ’фсымæрты байста — Дыууæйæ — карз фыдгултæм дард, Сæ кæстæр та джебогъæй мард Фæци мæ разы... Худт мæлгæйæ, Цыма уыдта йæхæдæг уæд, Æрвроны хуызæн худ хæсгæ йæм Куыд æрбацæйцыди мæлæт... Мæ фæстаг чызджимæ фæлыгъдтæн, Ыссардтон къæдзæхты цæрæн; Куывтон сыгъдæг зæдау мæ чызгæн Æмæ йæ хъахъхъæнæг уыдтæн,— Мæ зынты уыд зæрдæнцой мемæ Зыбыты иунæгæй мæнæн, Æмæ — æнувыд- топп. Уым семæ Æдзæрæг цъассы аз фæдæн Æнæхай хи хæдзарæй. Уайтагъд Зынтыл фæцахуыр ис мæ сæр, Сæрибарыл та уыд фæлтæрд... Фæлæ мæныл æрцыд фыдсахат — Мæ чызг кæдæмдæр маргъау атахт!.. Уыд иухатт талынг æхсæв. Уæд Уыдтæн фынæй... Мæ фарсмæ бадтис, Цъæх къалиу тилгæ, ме ’взонг зæд, Иæ дзыхæй хъыпп-сыбыртт’ нæ хаудис. Мæ фынтæй фехъал дæн æваст: Мæ хъустыл ауади фыдуынæр,— 31
Стæй уæд — тæригъæддаг цъæхахст Æмæ тæргæбæхы къæхты хъæр... Сæ фæдыл уайын, сидын... Нарæг Кæм фæци ком, уым тахти барæг — Мæ чызджы аскъæфæг. Æз сау Фыдæлгъыст арвыстон йæ фæдыл — Мæ нæмыджы, фæлæ,— хуыцау! — Цæуылнæ сæмбæлди йæ зæрдыл!.. Æмæ уæдæй нырмæ хъæрзын, Туг мастæй басур къаннæг малау, Тыхтæй ма а зæххыл лæсын Бæхы цæфхадæй цъистгонд калмау. Мæн судзгæ хъизæмар уæдæй Æвдæрзы маст æмæ мæтæй. Джематаг саггуырдтæ, мæ разы Æрлæуут, равдисут уæхи: Чи зоны Бей-Булаты, кънйазы! Мæ чызджы чи раздахдзæн, чи?» «Æз! — сау цæхæрцæст лæппу дзуры, Фæхæцыд хъамайыл æваст, Æмæ йæм джихæй къорд, йæ цурæй Фæйнæрдæм алæугæ, фæкаст.— Æз зонын кънйазы, ам нæ хæхты Дыууæ ’хсæвы æнхъæлмæ кæс: Дæ зæрдыл дар, зæронд, мæ бæхыя Дзæгъæлы никуы сбацтæн æз. Фæлæ уæдмæ куы иæ уон ацы Бынаты — ма-иу мыл кæ мæт, Æмæ куы цæуай искæд балцы, Хуыцаумæ-иу мын бакув уæд». Сæуæхсид ракаст, æмæ мигъæй Цъæхбын сыгъдæг арвы кæрон Сæрттывтой сау къæдзæхтæ, ихæй Сæ сæртыл урсбын худтæ конд. Æрыхъал æврагъ комы, стæй — Фæбыры наупæлæзау рæгътыл Сындæг, хæлнугæнгæ, дымстæй. Сæуæхсид йе ’взист луары хæхтыл. Фæцæуы ададжы йæ бæхыл Черкесаг. Къуылдымтыл æртæх Нæма ссур и, уымæл ма — зæхх; Æрзæбул бæрзонд сау къæдзæхыя Хъæддаг сæнæфсиры цупал,
Йæ фарсмæ дидинджытæй калд Сыфтæртæ барæг æмæ бæхыл. Уыд идон бæхы барцыл уагъд, йæ ехсæй бæхмæ ’взиды барæг Æмæ ныззары хаттæй-хатт Иæ дард фыдæлты рагон зарæг, Æмæ йын бахъырны æнкъард Фæсхохæй зарды азæлд дард. Æмыр рæсугъд хæхтæ сæ сæртæ Кæм кæнынц худы хуызæн иу, Раст уым, хъыс-хъысгæнаг уæрдæттæ Кæй нæмынц, ахæм фæндаг и; Æмæ дзы фæзилæнæй барæг, Цыма йæ хæд бынмæ, уырдыг Ныккæсы сабыр хъæумæ; цадæг Ыстыпц уым адæм, æмæ рыг Ысмнгъ п рæгъæуттæн сæ бынæй; Æмæ дзы айнæджы рæбынæй Нæ барæгæн йæ цæст фæхæст Æваст Бей-Булаты хæдзарыл, Æмæ дын уарийау йæ цæст Ныццавта агъуысты уæлдзарыл. Цæрæццаг лекъаг ус æнцад Сæууон уаелдæфмæ бады ’нкъардæй, Йæ разы айтынг фæндаг — над, Æмæ кæсы кæмæдæр дардæй. Кæй уындмæ ’нхъæлмæ кæсыс, кæй, Ды, скæсæйиаг рæсугъд ыстъалы, Дæ дыууæ уарзæгой цæстæй? Дæ зынаргъ уарзон цардæмбалмæ? Æви — æфсымæрмæ хæстæй? Æнуд, æнтæф боны фæлладæй Æрхауынмæ цæттæ ныр дæр Дæуæн бæрзонд рнуыл дæ сæр. Дæ къух дæ уæрагыл фæбырыд, Ыстъæлфгæ фесхънудтап куыддæр. Уæлæмæ схæцыдтæ дæ гуырыл, Æмæ дæ фын фæци цыдæр; Дæ ирд цæстæнгас доны разылд: Сырх фæткъуытау — дæ уадултæ, Ныр дын сæ хуссайраг туг хъазы; Дæ тæнæг дидинæг-былтæ Сæхимæ мондаг пъамæ ласынц. 3 М. Ю. Лермонтов
Æнæсдзырд, монцытæй тыхсгæ, Кæйдæр хъæбыс кæнынмæ сгарыс, Æмæ зыр-зыргæнгæ уырзтæй Фæнды дæу аппарын дæ дарæс. Кæм дæ, мæ рухс зæрдæйы скаст!.. Фæлæ хъус, мæнæ — ссыд æввахсæй Цæфхады хъæр, æмæ æваст Цъæх мигъау сыстад рыг йæ разы, Æмæ чызг загъта: «Уый у кънйаз!» Ныфс ирхæфсы лæджы æнцонæй, Æнцонæй афæливы цæст: Ныр барæг бахæстæг бынтондæр, Фæлæ йæ лекъаг чызг иæ зоны,— Фыццаг хатт æй уыны æрмæст. Кæд а дæрддаг бæстæй æрбафтæг Фысымуат агуры; кæлы Фæллад бæхæн йæ фæздæг; барæг Йæ саргъæй хизынвæнд кæны... «Æрхиз, бæлццон!.. — Цæмæн фæтарстæ, Цымæ, уый агъуысты уындæй? Кæсы! Æпгом æлвæст былтæй Цыбыр, æнкъард хъæрзын ыстахти; Раст афтæ уалдзыгон хъызт дæр Бæласæй аскъæфы сыфтæр! — Цæмæн фæстиат кæныс, барæг, Дæ саргъыл къæсæрмæ? Æрхиз Дæ фæллад балцы бæхæй. Уазæг Хуыцауæй рард лæвар у. Ис Адджын хъуымыз мыдимæ махмæ. Уынын, мæгуыр дæ ды; æз дæн Хъæздыг, æмæ нæм саккаг кæн — Кънйаз Бёй-Булаты" буц хæдзармæ!.. Куы цæуай дард фæндагыл тагъд, Дæ кувынæй-иу мыс уæд мах». ХАДЖИ-АБЫРÆГ Хуыцау дæ бахизæд фыдвыдæй, Леила! Сбуц мæ кодтай ам, Æмæ дын уый тыххæй дæ фыдæй Æрхастон ахсджиаг салам. ЛЕИЛА Куыд, ау, мæ фыд? Нырма йæ зæрдыл
Лæууын мæ иппæрдæй уæддæр? Кæм и? ХАДЖИ-АБЫРÆГ Кæм уыди, уым фæцæры: Куы искæмæ, куы та — æддæ. ЛЕИЛА Зæгъ-ма, хæрзамонд у, стæй хъæлдзæг? Дзуапп ратт... ХАДЖИ-АБЫРÆГ Цæры. Æрмæст æгæр Къæвда заман æмæ фыдрæстæг Æййафы тухитæ йæ сæр. Ды та? ЛЕИЛА Æз хорз цæрын. ХАДЖИ-АБЫРÆГ Дæхицæн Фыддæр у! ЛЕИЛА И? Цы загътай? ХАДЖИ-АБЫРÆГ Ницы! Лæг бады фынджы раз. Нырма Лæууынц сырх сæн æмæ дзæрна Бынтон æнæвнæлдæй йæ разы: Нæдæр хæры, нæдæр дзы нуазьь Лæууынц! Æнахуыр у йæ каст! Йæ ныхыл æнцъылдтæ æдзухæй Ызмæлынц, фенцайынц æваст! Цæмæй нывгонд уой — азты къухæйг Æви йыл сæ пыууагъта маст? Йæ бахъæлдзæг кæнынмæ хъавы Леила; гуымсæг райсы, рог Лезгинаг кафт уæздан æркафы, Цæгъды æмæ ныззары ног. Æрттивынц йе стъалы-цæстытæ, Йæ къуыпп риутæ кæнынц зыр-зыр; 35
Æрыгон цардуарзаг хъæзтытæй Иæ сыгъдæг зæрдæ дзаг у ныр: Ныгуылæг хуры тынты хъазæг Гæлæбуйау æрзилы, уазæг Цæмæй фæхъæлдзæг уа. Æваст Ныззилы тар бæлццоны раз, йæ сæрмæ зæлаг гуымсæг сисы, Йæ тæлфаг урс уырзтæй дзы сисы Нæргæ, къæрц-къæрцгæнгæ йæ хъазт, Иæ сабыр сау цæстыты каст Æмæ йæ былтæ ’нæсныхасæй Фæлмæн зæгъынмæ сты цæттæ: «Фæхъæлдзæг у, мæ тардзæст уазæг, Хъысмæт уа, маст уа — сты сæнттæ!» ХАДЖИ-АБЫРÆГ Æгъгъæд! Леила, иу цъус багъæц, Фæуадз, дæ хъæлдзæг хъазт: зæгъ-ма, Æппын дæ хъуыдыты нырма Мæлæты фæдыл судзгæ сагъæс Нæ фæзынд иу хатт дæр дæуæн? ЛЕИЛА Нæ, никуы! Уазал у ингæн, Дзæнæт æз а дунейы ссардтон. ХАДЖИ-АБЫРÆГ Зæгъ ноджы: мæт нæ кæныс абон Дæ райгуырæн бæстыл уæддæр? Нæ сыгъдæг дагъыстайнаг арвыл? ЛЕИЛА Цæмæн? Хъæлдзæгдæр у, хуыздæр Ам, быдыры, зæхх айтынг дардыл: Цæрæн ис алкæм дæр фæрнæй, Фыдыбæстæ зæрдæйæн нæй! Тыхмийæ уд нæ тæрсы,— маргъау Уый атæхы,— мæ цард у аргъау. Вæййы нын амонд уым æрмæст, Кæм вæййæм уарзынæй æфсæст! ХАДЖИ-АБЫРÆГ О, уарзондзинад! Ды æмбарыс, Цы у бæллиццагдæр æнкъарæн Лæгæн, кæй уарза, уый ныгæд
Куы ’рцæуы сау ингæны, уæд? У уыцы ’нкъарæн хистæр уарзтæй, Уый домы туг, цæссыг æрмæст. Уд амондыл уæд вæййы хæст, Куы фервæзы йæ судзгæ мастæй; Уым и фыдгæнды ’хсызгондзинад, Мæ удæн та—дзæнæт, зындон; Цæры нæ риуты-хсæв уа, бон, Дæтты нын .удхар æмæ цинад... Нæ, ард хæрын, мæ маст, мæ хæс Цы сахат исон, уый раз æз Нæ райсин дуне дæр! ЛЕИЛА Цæуылдæр Фæлурс дæ? ХАДЖИ-АБЫРÆГ Байхъус-ма: æфсымæр Уыдис мæнæн; хъысмæтæй мард Фæцис уый Бей-Булаты фатæй, Хæцгæйæ нæ, фæлæ æгадæй, Сырдау ын аскъуыдта йæ цард... Мæгуырæг, марæджы нæ зыдта, Фæлæ йæ уд куы иста, уæд Мæнæн йæ хабæрттæ фæдзырдта; Тугисыныл уыдис йæ мæт Æмæ йæ бакодта мæ хæс. Р1æ марæджы куы ссардтон æз — Р1æ сæрмæ ферттывта мæ хъама, Æмæ йæ амардтаин хъуамæ, Фæлæ хъуыды кæнын æваст: «Ау, уымæй ссæудзæни мæ маст? Мæлæт ын циу? Æз а уал азы Цы хъизæмар кæнын, цы мæт — Уыдзæн сын иунæг уысм æгъгъæд? Р1æ туг æцæг лæг ууыл уадзы? О нæ! Бæлвырд уый пскæй уарзы,— Кæй уарзы — ссардзынæн æй æз Æмæ дзы райсдзынæн мæ хæс — Йæ уд куыд фелваса мæ разы! Æмæ ныр ралæууыд мæ рад: Æрцыд дæ мæлæты сахат. Кæс-ма, хур арвгæроп куыд атад...
У афон ныр! Мæ хъустыл ауад Йæ хъæлæс ме ’фсымæрæн. Ам Куы федтон а ’зæр дæу фыццаг хатт„ Куы фехъуыстон дæуæй салам, Уæд судзгæ сагъæсы æнкъардæй Мæ уд зындоны арты ссыгъд. Фæлæ мæ риуæй ныр фæлыгъд Æваст кæдæмдæр уыцы ’нкъарæн... Хуыцау! Цы мын уыди фæдзæхст, Кæнын æдæрсгæ уый æххæст!» Хæхбæстаг урс митау йæ разы Æрхауди зонгуытыл æваст Чызг марæгæн; кæуы, дзыназы, Кæны лæгъстæ фæлурсæй, хъаст Æгъатыр марæгæн. «0 ма кæс Тызмæгæй мердæм, науæд æз Тæрсгæ кæнын, фæстæмæ кæс, Дæ тугмондаг цæстытæ бамбæрз! Дæ дзырдтæ уазал маргау сты, Кæлынц мыл, тугдадзинты хъарынц... Хуыцау! Кæд хъазгæ кæныс ды? Нæ дзурыс! А цæссыгтæ дын Дæ удмæ не ’вналынц æппын? Æви дæм хъаргæ дæр нæ кæнынц? Хатыр, хатыр! Уæдæ куыд кæуынц Дæ райгуырæн бæсты, зæгъ-ма? Мæлæт мын раджы у нырма!.. Ныууадз мын ме ’взонг цард, мæ цинад... Уыди дæм искæд уарзондзинад? Чынди дæ сонты бонты уарзгæ? Нæ, нæ! Дæу уарзæг уд нæ уыд!» Хаджи, йæ тар æрфгуытæ руадзгæ, Æнцад, æнæсыбыртт лæууыд. «Тæрпгъæд де ’нгæсыл æрныгуылд, Дæ бон цæссыг æмбарын нæу! Хуыцау! Уæд та чысыл фæлæуу!.. Æрмæст сахат... Цæстыфæныкъуылд!..» Æхсаргард акалдта цæхæр, Иу, иннæ! Æмæ атылд сæр... 38
Хаджи йæ тугæйахуырст къухтæй Сæр фелвæста; цыргъ карды ком Ныссæрфта даргъ хъуымбыл дзыккутæй. Æмæ йæ нымæты æнгом Æрбатыхта æдзард цæсгом, Стæй кæртмæ рацыд æмæ саргъмæ Фæгæпп кодта. Р1æ къæрцхъус бæх,— Цыма фыдбæллæх суыдта дардмæ: Æндон цæфхæдтæй хойы зæхх, Йæ барц ыслæууыд, сæр ныттилы, Иæ хидкалгæ хуыррытт кæны, Йæ идоны къæбæл æууилы, Рæмудзы, нал лæууы зæххыл, Р1æ зынг цæст идонмæ нæ зилы, Æхст фатау хæхтырдæм тæхы. Æризæр; тайы рухс; куырмæгæй Кæсы уымæл æхсæвмæ рындз, Кавказы цъуппытыл тызмæгæй Кæлмытау æврæгътæ тыхсынц: Сæ хуыз ивгæ ныллæг æрлæсынц, Æнуд сæрсæфæнтæм ныккæсынц, Сæ быны сындз-къутæртæ — цъæх, Æрхауы сыфтæртыл æртæх. Дон уайы змæстæй, зæххæй стыдта, Фынк калы кæрдæгыл пырхæн Æмæ тæнæг æврагъы ’хсæн Æрттивы мард сæры цæстытау. Тындз размæ, иунæг дæ, бæлццон, Дæхи дæ нымæтæй æрбахгæн, Æрбалвас тугахуырст идон, Бæх ехсæй бацагай, фæтагъд кæн. Нырма нæ байдыдта дæу сурын Нæ — хохаг мастисæг, нæ — сырд, Фæлæ кæд у дæ фадат кувын, Уæд дын æвзæр нæ уаид ныр. «Тæхгæ, мæ бæх! Цæмæ фæкастæ Дæ разы тарст цæстытæй ам? Уый урс дур хохаг дон æрласта, Уый ферттнвы йæ хæрвæй калм... Дæ барцыл хæцæны мæ къухтæй Ныссæрфтон къорд хæттыты тугтæ; Мæн бирæ хæттыты хæсты ?9
Хызтай мæлæтдзаг тасæй ды. Нæхимæ суадздзыстæм рæхджы Нæ фæллад; де згъæллаг æрттивдзæн Уырыссаг æвзистæй тыхджын; Уыдзæни цъæх нæуу та дæ хизæн. Цыма дæ хъару басаст тынг,— Зæгъ-ма, мæ хорз æмбал, дæ хъуыныл Куыд ракалд афтæ тагъд дæ фынк? Куыд уæззау улæфыс мæ быны? Рæхджы фæзындзæн мигътæн мæй, Æвзистæй бæлæсты фæлынддзæн, Нæ хъæу цы ран кæны фынæй, Тагъд уыцы цъæх фæтæн фæзындзæн; Æмæ нæм ферттивдзæни дард Джематаг фиййæутты рухс арт; Куы сæм фæхæстæгдæр уæм ныр, Уæд бæхтæ скæндзысты мыр-мыр, Дæуыл фæйнæрдыгæй кæлдзысты... Фæлæ куы февдисон мæхи — Æмхуызон тарст хуыррытт кæндзысты, Фæстæмæ ’ппардзысты сæхи: Уæд рæгъау бамбардзæн бæлвырдæй, Адзалæн мах кæй стæм йæ фырттæ!..» Æхсæв ма у; нæма срухс арв, Джематы хъæу фынæй у тарф; Æрмæст ма дзы нæ хуыссы иу лæг — Зæронд лекъаг. Цыртау, мæгуыр, Æнæзмæлгæ, цъæх дурыл, иунæг, Рыг фæндаджы цур бады ныр. Йæ сагъæсдзаг цæстытæ дардæй Кæсынц æнхъæлцау лæгмæ ’нкъардæй. Уый чи уа, цавæр барæг? Хъавгæ Æрцæуы гакъæттыл; йæ бæх — Дæргъбарц æмбал — йæ сæр æруадзгæ, Фæлладæй нал цæуы дзæбæх. Йæ сау нымæты бæлццон хъавгæ Хæцы цыдæр хæзнайыл авгау, Цæстырухсау æй хъахъхъæны; Æмæ уæд зæронд лæг æнхъæлы: «Бæлвырд, мæ дзæбæх чызг мæныл Зынаргъ лæваримæ æмбæлы!»
Æрхæстæг барæг; хохрæбынмæ Иæ бæх фæурæдта цæхгæр, Æмæ йæ ризгæ къухтæй нымæт Куы райхалид, æмæ дын уымæй Куы ’ртулид тугахуырстæй сæр. Æнамонд фыд уыны,— о зæдтæ! — Леилайы сæры къуыдыр!.. Æмæ йæ, шш-æрра æмхæццæ, Иæ былтæм балвæста æмыр! Цыма лæвæрдта чызгæн ныр Фæстаджы хъизæмар йæ зæрдæ,— Иæ даргъ цард иунæг хъæрзт уыди Æмæ йын иу пъайыл фæцн. Æгъгъæд æй хордтой адæм мастæй, Æгъгъæд йæ мæгуыр зæрдæ састой! Æмбыд тæбыны халау раст Йæ рыст уд аскъуыдис æваст; Æнцъылдтæй дзаг фæлурс цæсгомыл Мæлæты ныв фæзынд æргомæй. Уд атахт афтæ тагъд, цыма, Цы хъуыдыйы уыди нæ разы, Бынтон уый не схицæн нырма, Æмæ йæ мард цæсгомыл баззад. Хаджи æпæсыбырттæй каст Æлхынцъ æрфгуыты бынæй мардмæ: Фæкаст йæ бæх æмæ йæ кардмæ, Стæй хæхтæм фесхуыста æмраст. Аз рацыд. Нарæг крмы дагъы Хæтæнхуаг бæлццæттæн сæ цæст Æмбыд дыууæ мардыл фæхæст, Æмæ сæ бапыгæдтой рагъыл. Сæ дыууæйыл дæр туг нынхъызт, Æмæ сæ бакастыл æргомæй Хæрам нынныв кодта æлгъыст. Дыууæ хæларау, нарæг комы Хуыссыдысты хъæбыс-хъæбыс Тызмæгæй цъæх рыджы сæ мæрдтæ — Дыууæ знаджы, цыма хæлæрттæ! Уый, чи зоны, мæнг у, æрмæст Мæгуыр бæлццæттæм афтæ касти, 41
Цыма сæ хуыз æвдыста хæст, Оæ былтæй та æртхъирæн тахти. Хъæздыг сæ дарæс; худтыл конд Басылыхътæ; хъæздыг сæ уынд дæр: Сæ иу Бей-Булат уыд зындгонд, Сæ иннæ не сбæрæг æппындæр.
Д Р А М Æ
ИСПАЙНÆГТÆ Фондзмион трагеди Номарæн, Мæ уды ’нæхуысгæ цæхæр Æмæ æнæдомд судзгæ сагъæс Кæд хорз нæ равдыстон, уæддæр Мæ ницыгъуыз лæварыл барвæсс. Нæ! Хъалтæн нæу фыссын мæ хæс — Нæ хъазы бибитæм мæ зæрдæ; Нæ! Уыдоиæн нæ фыссын æз Мæ уарзон уацмысты хуыздæртæ. Уæлдай сын нæу: кæнæд фæнды Мæ зæрдæ сагъæстæй дзыназгæ, Фæнды мæ фæндыры тæнты Кæнæд мæ хъæлдзæгдзинад хъазгæ. Ды мæ дæ хæрзуды тыхæй Æмбæрстай, сабыр мæм ды зылдтæ Æмæ мын ме ’нæнцой ныхæй Сырдтай мæ рагагъом æнцъылдтæ. Раст афтæ ингæныл фыдуад Æмæ фыдхъызт æхсæв куы ’рцæуы, Уæд уый граннты раз æнцад Сæркъулæй тала бæрз фæлæууы. 44
Мивдисджытæ: ДонАлварец — испайнаг уæздан лæг. Э м и л и — йæ чызг. Донна Мари — Алварецы дыккаг ус. Фернандо — Алварецы хъомылгонд, испайнаг лæппулæг. Патер Соррини — итайлаг иезуит, инквизицийы службæ- гæнæг. Доминикайнаг — Сорринийы хæлар. М о и с е й — дзуттаг. С а р а — дзуттаг зæронд ус. Н о э м и — йæ чызг. Испайнæгтæ — Сорринийы æххуырст дзæгъæлхæтджыгæ. Дзуттаг лæгтæ æмæ устытæ. Инквизицийы службæгæнæг, Алварецы æмæ Сорринийы фæсдзæуинтæ, а д æ м, ч ы р ы н г æ н д ж ы т æ. Архайд цæуы Каталонийы.
ФЫЦЦАГ МИ С ц енæI Алварецы уат. Стъол. К/ьултыл портреттæ, айдæн. Донна Мари бады къæлæтджыны. Эмили лæууы æмæ фæрдгуытæ нымайы. ДОННА МАРИ А-гъай, æз дæ Фернандоимæ дзургæ Куыд нал фенон! Фыццаджыдæр, уый нæу Уæздан тугæй. Мæ лæг дæр дын гъеуымæн Нæ уадзы йемæ сиу кæнын дæ цард, Æмæ дын уый мæн дæр нæ фæнды! эмйли Баууæнд, Уæздандзинад нæй гæххæттыты, уый Зæрдæйы ис. ДОННА МАРИ О, ’вæццæгæн, дæ уыцы Ныхæстæ ууыл сахуыр дæ.— Иттæг хорз!.. эмили Цы диссаг у, Фернандойыл æз бнрæ... Æз бирæ хæрзтыл сахуыр дæн. Уыдтæн ма Хæцъилтæй хъазæг къаннæг чызг, уæд æп, Хæрз сидзæры, мæ фыд нæхимæ ’ркодта, Æмæ фæцардтæн а хæдзары йемæ Æфсымæрау уæдæй нырмæ,— уæд-иу Кастилы хæхты хаттыстæм дыууæйæ, Уый ме ’ххуысдар, мæ раздзог уыди уæд, Æмæ нæ задис ахæм уарди хæхтыл, Мæн тыххæй-иу кæй не ’рхастапд уьтй. Мари, уымæ нæ хъусгæйæ, дзæбæхтæ кæны йæ уæ- лæдарæс.) ДОННА МАРИ Гъе, гъе, æз дæр дын уый тыххæй зæгъын, Цæмæй ныхас дæр мауал кæнай йемæ. Дæуæи æз дæн дæ мады бæсты, стæй Мæ бон дæр у, Алварец мын бар радта,
Цæмæй дын д ’алы къахдзæфмæ кæсон. Фернандомæ нæ (Ьæцæудзынæ, никæд! ЭМИЛИ Дæ сынты уаст куы фæмæнг уа... ДОННА МАРИ Нæ, баууæнд, Дæуæй нæ дæн æдылыдæр,— æз ныр Æртыккаг моймæ ацыдтæн, фæлтæрд дæн, Фæлтæрддзинад та зонд у; зонын æз, Лæг æмæ ус цæйбæрц вæййынц æнамонд, Сæ псбонæй æмсæр куы нæ уой, уæд. ЭМИЛИ Ау, мулкджын мойы марды фæстæ усыл Фылдæр бафты?.: ДОННА МАРИ (цыма йæ нæ фехъуыста) Аргъуанмæ цæгъдынц! ЭМИЛИ Цæгъдынц! (Фæрсмæ.) Уæддæр нæма зыны Фернандо! ДОННА МАРИ Дæ кувæн чиныг райстай демæ?.. ЭМИЛИ Ах! Фæцæй рох кодта. (Райста та стъолæй.) 0! Нырмæ кæм уа?.. (Бацæуы Фернандо. Донна Мары йæ нæ уыны æмæ ахизы дуарæй. Эмили, йæ фыдыусы фæдыл цæугæйæ, къандзолы бынæй æрæппары фыстæг. Фернандо йæ, Эмилийы фæдыл кæсгæйæ, сисы.) ФЕРНАНДО (райхалы йæ) «Æз зонын, нæ фыд нын нæ уарзондзинад æмæ, ды мæ ракурын кæй сфæнд кодтай, уый кæй фехъуыс- та. Демæ, æвæццæгæн, ныхас кæндзæнис уый тых- хæй. Дæ хорзæхæй, тызмæг æм ма сдзур: науæд мах никæд уыдзыстæм амондджын»... Æгæр бирæ мæ домыс ды, Эмили! (Аджих ис.) Æнхъæл та чи уыд, уыцы сæрхъæн, уыцы Æнæзæрдæ... Цы нæ вæййы æрдзыл! Йæ чызг та — зæд, уæларвон дуæгты сфæлдыст. Эмили!.. Нæ, нæ, нæ! Уый уый чызг нæу. Ды, дам, дзы хъуамæ бузныг уай! — Гъы, бузныг! Цæмæн? Мæгуыр, гæвзыккæй гуырд дæ ды, Цыдæриддæр мæ фæрцы ссардтай царды! — Æдзух мын уый кæй фæуайдзæф кæны, Гъеуый тыххæй? — Æз уымæй дæн хæрзуддæр! 47
Æви мын уæхст мæ цæстмæ кæй фæдары, Мæ дзыхмæ — комдзаг, уый тыххæй? Æмæ Æрвылбон дæр мæ фарсæй куы фæвæййы! Гъеуыдонмæ йын бузныг зæгъон уæд? О, уыцы судзгæ уайдзæфты бæсты Фæлтау мæ уд æххормагæй куы схауид!.. Мæ фæнд та мын куыд базыдтаид? — Диссаг! Цы уа, уый уæд, Эмилимæ æфхæрд Ам не ’рхаудзæн! Æгъгъæд ын у! Кæрæдзи Мах уарздзыстæм, куы ’рцæуа фадат, уæд... (Алварец бацæуы сабыргай æмæ сбады къæлæтджыны.) Куыд хъал у, куы,— цыма йæ риуы раст Йæ фыдæлты æппæт зæрдæтæ дары: (Портретты ’рдæм.) Сымах, фыдæлты стыр лæгты хуызтæ, Сæ зонд, сæ тых кæрон кæмæн нæ зыдтой, Зæгъут-ма: ау, куы бамбыдыстут ныр Уæ ингæнты, уæд мын куыд байсдзыстут Мæ удæнцой Эмилийы? Цæмæн? Бæллæх у! Ау, сæ мæнг æгъдæуттæй мæрдтæ Куыд хъуамæ фæуой удæгæстыл тых? АЛВАРЕЦ Фернандо! Иу ныхас æрцыд мæ хъустыл, Фæнды, дам, дæ мæ тугхæстæг уæвын!— Æдылы дæ! — хæрын дын ард хуыцауæй! Æрмæст хъуыды куы ака^най, зæгъгæ, Йæ сиахс бауон, гъеуддæр мæ ’фхæрыс. ФЕРНАНДО Фæнды мæ тынг, æз дæм цы ’фхæрд фæдæн, Гъеуымæй дын куы бафиднн хæрз чысыл. АЛВАРЕЦ Æз бафхæрдтон? Дæу? Байхъус-ма, сæрхъæн, Цы дын зæгъон,— æцæг мæм хъус лæмбынæг. ФЕРНАНДО Æвæдза, ды хæрзамонд дæ: лæгæн Хæрзиуæг иунæг хатт кæныс æрмæст, Сæрхъæнæй та йæ алыбон фæтоныс! АЛВАРЕЦ Мæ хур, ды хъуамæ базонай, цы дæ! Æз дæ нырмæ мæхионау фæхастон, Фæлæ пыр хъуыддаг фендæр ис бынтон, Æз дын зæгъон, куыд æрбафтыдтæ ардæм: Æд æххуырст нухатт рацыдтæн Бургосаей (Мæ ускуырдыл нæма цыд бнрæ уæд). 48
Æрталынг ис, бæрзонд хæхтыл æрбадтис Уымæл æврагъ. Æз уæлмæрдтыл цæуын Æмæ уынын зыбыты рохгонд аргъуан, Æвгтæ йыл нæй, нæдæр дзы змæлæг. Хъусын: Кæуы сывæллон, — къæсæрыл хуыссы, Мæгуырæг, саби, — уый ды уыдтæ, ды. Æз систон дæу, æрхастон æмæ схастон. Цæмæн дæ уым нывæрдæуыд, гъе — чи сты Дæ мад, дæ фыд — хуыцау зоны æрмæст! Мæн сæ нæ фæнды базонын: о, о! ФЕРНАНДО (джихæй, йæхинымæры) Цæй мæгуыр дæ, зыбыты рохгонд сидзæр!.. Хъæдысынт амондджындæр у дæуæй, Дæуæн дунейыл иунæг хицау нæй!.. Нæ бададтай дæ мады риу, нæ уыдтæ Йæ хъæбысы. Æцæгæлон хъæлæс Дæу ахуыр кодта мадæлон æвзагыл, Дæ авдæнмæ дын уый зарыд æрмæст. (Аджих ис.) АЛВАРЕЦ Цæмæн нынкъард дæ? Уый æцæг уыд афтæ. Уæд-ма мын зæгъ: цæй курæн ис дæуæн Мæ чызджы? Ау, æмæ мын уыйфæстæ Цы дзурдзысты испайпаг буц уæздæттæ? ФЕРНАНДО Фæдзурдзысты, стæй уæд ныхъхъус уыдзысты. АЛВАРЕЦ Гæды зæгъыс,— мæ фыдæлты мыггаг Уæздан у, рагон, æмæ уый йæхимæ Æнæхиуон дзæгъæлзады хæстæг Нæ фæуадзы. ФЕРНАНДО Цæй тыххæй уæд? Тæрсынц Дæ уæздæттæ, миййаг, куы фепа исчи, Æмхуызон ысты иннæтимæ, уый. (Алварец бацæуы портреттæм.) АЛВАРЕЦ Ам, мæнæ ай, мæ фыдæлты сæр, царди Карл Фыццагмæ, хæрзаудæн ыл кодта Цытджын король,— йæ галуаны йын цард,— Æмæ йæм уыд дæлбайраг адæм бирæ; Ам фыст æрцыд, цы ми бакодта, уый: Нæ сыгъдæг инквизицийы рæстæг Æртæ мин уды басыгъта, стæй ноджы 4 М. Ю. Лермонтов
Æртæ сæдæйы барвыста мæрдтæм. ФЕРНАНДО О, уæдæ уый æцæг уыди.^сыгъдæгуд; Ай-гъай, уыдзæн ныр зæдтыл хыгъд? АЛВАРЕЦ Нæма!.. Ай, æртыккаг та, ’фсæддоны фæлысты, Сырх снс йæ хуДыл, рихиджын,— уыдис Æфсæддон флоты Англисы ныхмæ,— Æлгъыст фæуой! — æмæ фæдæлдон хæстьк Мæ фыдæлтæй уыныс фынддæсы ноджы (Хуыцау зæгъæд, мæ ныв дæр ам цы уа! Цæмæй нæ хъæстæ ма сыфта мыггагмæ!) Æмæ ды, ды — ныр се ’мсæр хъуамæ суай? 1\æм ис дæ мад, кæнæ дæ фыд? Дунейыл Хæтаг гæвзыкк цагъартæ сты, æви Гæвзыкк хæзгултæ, йе кæнæ та ноджы Фыддæр исты.. къæйных гуырд! Цæй, цы зæгъыс? Дæ ном, дæ мулчы чингуытæ мын равдис, Æмæ æз дæр ныхъхъус уыдзынæн уæд. ФЕРНАНДО О, мæн дæр дæу ныхъхъус кæнын куы фæндид (Йæ кардыл æрхæцгæйæ.) Уæд уый, бæргæ, æнæ чингуытæй дæр Æз бакæнин. АЛВАРЕЦ Æгæр уæндаг дæ ды, Дзæгъæлхæтаг! Ныртæккæ мын æй равдис, Цыхуызы мæ ныхъхъус кæнис: кæннод, Мæ дин, мæ номæй ард хæрын, ныртæккæ Дзырд ратдзынæн, цæмæй æрцæуай мардГ Цыхуызы мæ ныхъхъус кæнис? Фæлитой! Гæвзыкк, дзæгъæлзад! Ферох и дæуæй, Мæнæн, испайнаг бонджынæн, мæ бон Кæй у дæу тæрхондонмæ раттын, уыцы Фыдæфхæрдыл. Уыныс дæ разы, ам, Мæ фыдæлты нывтæ? Дæ фыд та чи у? Чи у дæ мад та, аргъуаны къæсæрыл Дæу чи ныууагъта,— чи уа уый? — Уираг! Чырыстон ус нæ бакодтаид афтæ: Гъеуæдæ банцай, дзуттаджы сæбæкк, Æмæ дын æз дæ тæригъæд ныббарон!.. ФЕРНАНДО (тыххæй йæхиуыл хæцгæ) О, хъус-ма, Алварец! Ныр дæ
Æз хæсджын нал дæн! Бузныг дæр, лæггад дæр Мæнæп ныр мауал агур, Алварец! — Мæ дадзипты нырмæ уæздан туг хъазыд; (Цъусдуг фегуыппæг вæййы.) Ныр ацы кард, куы сфæнд кæнон, уæд дæу Ныхъхъус кæндзæн. АЛВАРЕЦ Цæугæ, цæугæ ныртæккæ Мæ хæдзарæй,— мæ чызг æмæ æз дæр Дæ кой, дæ хъæр куыд нал хъусæм æввахсæй! Фæлæ мæ чызгыл сусæгæй, миййаг, Куы ’мбæлай ды, уæд ард хæрын Медритæй, Мæ фыдæлты портреттæй ард хæрын, Уæд дын дæ туг кæй баназдзынæн. ФЕРНАНДО Баназ! Дæуæн дæ бон у баназын мæ туг Фæстаг цъыртмæ; фæлæ мæ ном,— мæ ном Дæ бон нæу байсын! АЛВАРЕЦ Дард, æнаккаг, фесæф! Сыдæй куы мæлай, макуы ’рбацу уæд Къæбæркурæг мæ рудзынгмæ, кæннод, Хæрын æз ард, фæсурын дæ кæндзынæн. (Фæрсмæ.) Куыд æнаккаг ысси Фернандо, куы! ФЕРНАНДО О арв! О зæхх! Хæрзбон! Фæлæ тæрс, тæрс, Æвзæр исты куы сфæнд кæнон дæ ныхмæ! (Æррайы лыгъд акæны æмæ къæсæрыл хæрхæмбæлд фæвæй- йы сауджын Сорриниимæ. Соррини джихæй аззайы, стæй йæ астæу фæкъæлæт кæны æмæ бацæуы арфæтæгæнгæ. Алзарец цингæнгæ рацæуы иезуиты размæ.) АЛВАРЕЦ* А, ’гас цæуай, нæ фыд Соррини! (Уый йæ исдуг йæ тыхстæй нæ федта.) Цæй, Куыдтæ цæрыс, сыгъдæг хуыцаумæ кувæг? СОРРИНИ (сæрæй кувгæ, хæрдмæ кæсгæ) Хатыр, æз дæн æрмæст йæ сабыр цагъар, Æмæ дæуæн та — коммæгæс фæсдзæуин. Цыдæр хъаугъа уæ хæдзарæй цыдис? Æррайау, ам мæ рæзты чидæр алыгъд, •Йæ сæрæй дæр мын нал акуывта. 51
АЛВАРЕЦ О, Æз асырдтон мæ хæдзарæй ныртæккæ Мæ хъомылгонды; раздæр æй хъуыд сурын. СОРРИНИ Мæнмæ дæр рагæй афтæ касти уый, Фæлæ мæ дæу нæ фæндыди хъыгдарын... Æгæион у, тæлтæгсæр у тыхджын, Сæнттыдзæуæг æмæ бынтон нæрæмон. О, ахæмтæ лæггад кæнын нæ уарзынц, Æрмæст сæхицæн агурынц лæггад. Нæ, мах нæ фæзмынц: мах æрвылбон хъуамæ Нæ сæрæн кувæм, уаллæттау лæсæм, Цæмæй, бынтон кæй нины стæм, уый зонæм Æмæ нæ бон нæ хæрзиуджытæй уа Хуыцауы раз нæ тæригъæдтæ суадзын. Цы бакодта,— мæнæн ын зонæн нæй? Кæд аргъуанæн, йе — королæн сæ ныхмæ... Æз хъуамæ зонон... АЛВАРЕЦ А мæгуыр, бецау... СОРРИНИ Бецау? АЛВАРЕЦ Уæдæ! Сывæллонæй пæ ссардтон, Йæ мад æй уынджы аппæрста. СОРРИНИ Уæд ын Хатыр хъæуы,— хуыцауæй фаг æфхæрд у. АЛВАРЕЦ Хатыр та куыд? Цы ракодта, уый базон. СОРРИНИ (фæрсмæ) Хъыгаг хабар,— йæ дзыппытæ сты афтид,— Мæхиуæттæм сæ равгæдтаин æз,— Зæххыл æппæт дæр къухæй-къухмæ хизы. АЛВАРЕЦ (цыма сусæгæй) Куы ма уыд саби, уагътон æй уæд хъазын Мæ чызгимæ; сыгъдæг уыди сæ хъазт, Ай-гъай, сыгъдæг; æз уый æнхъæл кæм уыцтæн, Фæстагмæ дзы æвзæр исты цæудзæн. Куы сæ фарстон: цы ми кæнут? Уæд: — ^Съазæм! — Цы хъазтæй? — Уарзтæй! — Æмæ пъатæ кодтой, Бæлæттау раст.— Куы фæхъомыл Фернандо, Уæд базыдта, кæй нал ис афтæ уарзæн,
Æмæ йæм фæнд фæзынд, цæмæй мæ чызгæй Къай бакæна,— йæ ныхæстæй йын уæд Æз бамбæрстон, кæй йæ фæнды мæ чызджы Иæхицæн курын. 0, цы мæсты сдæн, Уый бамбардзынæ ды, нæ фыд Соррини!.. Æмæ йæм ныр тызмæг вæййын, цæхгæр, Кæд мын зын у, уæддæр; ’цыфæнды дзурайг Сывæллонæй нырмæ йæ ам фæхастон, Дыууын азы фæцарди мемæ,— раст Мæхи фыццаг хъæбулау уыд мæ удæн. Æрæджы йæм лæгъз дзурынвæнд кæнын,— Æваст мын ме ’фсин радзырдта, Фернандо Эмилийы кæй куры... У-у! — куы зонис,— Зæронд кæд дæн, уæддæр мæ туг куыд рафыхт... Фæцамыдтон ын алыхуызы зонд; Цæй тыххæй нæй мæ чызджы уымæн раттæн,— Фæкъæйных мæм,— æмæ йæ сфæнд кодтон Æппынфæстаг мæ хæдзарæй фæсурын. Чырыстон уд ныр нал фендзæнис уый Мæ къæсæрыл æрбахизгæ.— Нæ, никæд! СОРРИНИ Хм, хм! Дæ чызг та уæд? АЛВАРЕЦ Нæ зонын. Кувæндоны Иæ мадимæ ныртæккæ баддзæн уый Æмæ бæлвырд йæ зæдыхаймæ кувдзæн. Куыд радтай дзидзидайæн ныр фæндаг, Ау, кувгæ дæр куы не ’ркодта йæ сæрæй?.. Цæй тыххæй йæ нæ баурæдтай уым Æмæ цæуылнæ бадомдтай хæрзæгъдау? СОРРИНИ Куырм адæмæн æгъдау дæттын хъæуы. АЛВАРЕЦ Куырм? Ау, æмæ дыууæ цæстæй куы касти! СОРРИНИ (хинæй мидбылты худгæ) Мæ ныхас мын нæ бамбæрстай: лæгæн Куы нæма вæййы иу урс дæр йæ сæры, Иæ уадултæ ма уардитау цæхæр Куы фæкалынц рæсугъдæй судзгæ, ноджы Иæ цæстыты куы нæма ’рхуыссы арт, Йæ зæрдæ ма куы фæризы тæпп-тæппæй, Æнкъзрдæй, цинæй, уарзынæй, ныфсæй, Гуырысхойæ,— о, цалынмæ йыл уыдон Нæ баруайой цæрæнбонтæм, уæдмæ 52
Æвирхъау монцтæ фехсидынц йæ риуы, йæ цæстытыл фæбадынц мигътау раст, Иæ мæгуыр уды, тыгъдызæйау, схъызынц Æмæ уæд уый тæригъæддаг вæййы. 0, ахæмтæ куырм вæййынц; ахæм ран ис Фернандо ныр.— Цы бакодтаин хъуамæ? Мæнæн мæ хæс фæндаг раттын уыди, Æндæр дзы æз тæрсгæ, миййаг, нæ кодтон... Тæссаг ран та быцæу кæнын мæнæн Нæ фидауы мæ чин æмæ мæ номыл; Ды зоныс (амоны йæ дзуармæ), домы ацы дзуар мæнæй Æдзух быхсын,— йæ уæлæ ауыгъд чи у, Уый у мæнæн фæзминаг, — æмæ æз Мæ бон уæвгæйæ баххæст кодтон ме хæс. (Сорринийы фæсдзæуин бахæссы фыстæг æмæ йæ ратты йæ хицаумæ.) ФÆСДЗÆУИН Нæ фыд Соррини! Иу мæгуыр сылгоймаг... Дæ фæстæ уайтагъд бацыди дæумæ... СОРРИНИ Кæмæй у, цæй,— куыд нал хъæцы æрхъæцмæ? ФÆСДЗÆУИН Æндæрæбон кæй асырдтай æмæ... СОРРИНИ (йæ ныхас ын айсы) Ныртæккæ рацу,— кæмæн загътон, уымæй. ФÆСДЗÆУИН О ме ’лдар, уый куыд мæгуыр ус у, куы; Йæ ныхæстæм мæ цæстысыг æркалди. • Иæ сабитæ—æхсæз, бæгънæг, бæгъæввад, Зыбыты ’ххормаг,— лыстæны хуыссынц Æмæ сæ мадмæ алырдыгæй дзурынц: «Гыцци, баппа мын! О гыцци, баппа!» Хæрын дын ард, фæцæйтыдта мæ зæрдæ. СОРРИНИ Æгъгъæд, æгъгъæд,— кæннод æз дæр куы скæуон!.. О стыр хуыцау, дæ хæрзиуджытæ ракæн Мæгуыр, æнамонд рох бинонтæн ды, Дæ цагъарæн дæм фехъуысæд йæ кувын. (Йæ фæсдзæуинæн хъæрæй.) Гъа, мæнæ, ратт ын фондз сомы мæнæй. (Фæсдзæуин æм кæсы, Соррини йын сабыргай дзуры.) Цу, ратт ын-иу. 54
ФÆСДЗÆУИН Фæтæригъæд ын кæн! СОРРИНИ (йæ къух ауигъгæйæ) Цы? Бирæ сты? Хæрзиуæг нæу фæсмойнаг... (Фæсдзæуин ацæуы.) ■ АЛВАРЕЦ Тынг дис кæнын, нæ сыгъдæг фыд, дæуыл. СОРРИНИ Ах! банцай-ма, дæ хорзæхæй, зын мын у Дæумæ хъусын... Тæригъæдджынты ’хсæн Мæнæй мæгуырдæр ничи у дунейыл. АЛВАРЕЦ Æрбаздæхт ме ’фсин аргъуанæй, йæ фæдыл Эмили дæр æд фæрдгуытæ. СОРРИНИ (фæрсмæ) Æрбаздæхт Уæларвон зæд! Сыгъдæгæй уал цæрæд; Кæд æм мæ зæронд уазал риуы арт Фæзына ног... уæд ыл бæргæ мæ къухтæ Æруадзин æз. Кæнгæ иæсгом хæссын Зын у, бæгуы, фæлæ хуыздæр хос нæй. Мæ уавæр афтæ амоны. Ха-ха! (Эмилы æмæ доина Мари бацæуынц.) Куыд амондджын дæн, рухс хуртау, кæй уын Æрвон рæсугъд Марийы — æмæ дæу, Æназымджын Эмили. О, Алварец! Лæгæн хуыцау куы нæ ратта хæдзар, Уæддæр дзы хъуамæ ма хъаст кæна, ахæм Зынаргъ хæзнатæ йын куы радта, уæд. АЛВАРЕЦ Мæ чызг Эмили, рацу-ма хæстæгдæр. Нæ фыд Сорринийæн дзырдтон, ды йæ Кæй уарзыс, уый. ЭмИЛИ Мæ зымаргъ фыд! АЛВАРЕЦ Æнцад! Нæ сыгъдæг фыд дын бацамондзæн, уарзын Цы бæллæхтæм фæсайы, уый,— ды та, Ды та йæм хъус, æ^мæ сыбыртт дæр ма скæн, Дæуæн, мæ чызг, фæдзæгъæл ис дæ уд, Цы кæныс, уый дæхæдæг дæр нæ зоныс. Нæ сыгъдæг фыд дын раргом кæндзæн, цас Тæссаг у, цас æвнрхъау ми у уарзын.
СОРРИНИ О, бакодта мын уый дæ фыд мæ хæс, Æмæ дæ хъуамæ раздахон фæстæмæ Рæствæндагмæ. Уым дидинджытæ нæй, Сындзджын у уым, фæлæ нæ нысан сомбоч Сыгъдæг у, хъæлдзæг, — ивгъуыд цард та мах, Æнкъард уыд, æви райдзаст уыд, фæмысæм, Лæджы зæрдыл куыд æрбалæууы, афтæ. Уæдæ сæйраг нæ фæстаг нысан у; Хæрзаудын нæ миты сæр куы уа, Уæд мадзæлттæй кæцыдæриддæр хорз у, Цыфæнды уа — Фернандойæ тæрс, тæрс! Козбау лæг у, фæсайдзæни дæ, йе дын Ныфс бавæрдзæни курынæй, фæлæ,— Ды уый хъæуыс, цæмæй уæ бынтæ райса. АЛВАРЕЦ Уый никæдбон, уы,й никæдбон уыдзæн, Мæрдтæй фæстæмæ здæхæн куыд нæй, афтæ. СОРРИНИ Нæ, ма зæгъ афтæ — хаттæй-хатт мæрдтæй Фæстæмæ здæхынц. Фæлæ ды, Эмили, Æхсидгæ уарзтыл ма баууæнд. Кæд дæ, Миййаг, Фернандо сайгæ кæны? Хъус-ма, Нæ сыгъдæг инквизицийы заман Цы диссаджы хабар æрцыд Мадриды. Уыдис уым уарзон иу чызгæн, хæрзконд, Рæсугъд, æвзонг, зæндджын æмæ цæхæрцæст, Цыбырдзырдæй, æппæтæй дæр хæрзæххæст. Æмæ уый уарзта сау рæсугъд чызджы; Фæуарзтой бирæ сабитæ кæрæдзи, Фæлæ фæстагмæ рахатыдта чызг, Йæ уарзон дзы мæнгæфсæнттæй сындæггай Æнæмæтæй куыд ласта дард йæхи, Сæ фембæлд ын кæй нал уыдис æхсызгон, Йæ зæрдæ нæм кæй æруазал бынтон, Кæй йын нал каст йæ дариты фæлыстмæ, Æмæ-иу æм «фæзын мæм» — чызг куы ’рвыста, Уæд æй кæй нал кодта хъуыды дæр, уый. Куыд ма нæ бамбæрстаид чызджы зæрдæ, Йæ цард бынтондæр уый куы уыди, уæд? Гуырысхойад йæ риуы бацыд калмау, Æмæ йын судзгæ маст йæ зæрдæ ’ууылдта... Цыбырдзырдæн, чызг бавдæлдис æмæ Иæ уарзопæн марг радта, æмæ лæппу
Æрхауд æмæ дыууæ бонмæ фæцис. Фæлæ зынгхуыст мæгуыр испайнаг лæппу Нæ сыгъдæг инквизицийæ кæй уыд, Гъеуымæн хабар мастисынмæ раздæхт: Æрцахстой чызджы, бафхæрдтой йæ тынг, йæ ис, йæ мулк ын аргъуанæн радтой, Иæхæдæг та æрцыд фæстæдæр мард! (Се ’ппæт дæр фестъæлфынц.) Гъеуымæ цæуы уарзын!.. Тæрс, Эмили. Нæ зæрдæ махæн портийау у раст: Уырдыг хохыл æй арæхсгæ æрæвæр, Нæ фезмæлдзæн,— фæлæ йæ фенкъуыстай — Фæнды йæ сурай — нал ын ис ныййафæн. Мæ ныхас раст нæ рауад? АЛВАРЕЦ Раст у, раст. Иттæг раст уыд дæ карз тæрхон æнамонд Лæгмар чызгæн! Куыд? Инквизицийы Чи службæ кодта, уымæн бадар марг? Ай-гъай хъуыди уый хъизæмæрттæй маоын! СОРРИНИ Нæ! Уый мæнæн мæ фæндоны нæ уыд. (Эмилимæ ныккæсгæйæ.) Æз тынг тæригъæдгæнаг дæн,— тыхæй мын Æрфыссын кодтой гæххачгтыл мæ къух; Мæ къабæзтæ æмризæджы рызтысты, Æмæ мæ зонд мæ фыссæн къухы ’лгъысга!.. Фæлæ зæххон тæрхонгæнджытæн уый Сæ хъысмæт у! Мах адæймæгтæ стæм, Æвзонг удыл куы стых уа монц, куы ’руадза Рæдыд тыхстæй, уæд йе сдзæбæх кæнын Куы нæ зонæм, уæддæр ын хъуамæ барæм. ДОННА’МАРИ Ах! Афтæ каст мæнмæ дæр уый. АЛВАРЕЦ Æмæ Æцæгдæр хъуамæ афтæ уа. СОРРИНИ (цингæнгæ, фæрсмæ) Тæрсынц мæ! ЭМИЛИ Хатыр, дада: нæ сауджын мын цымæ Цæмæн радзырдта уьшы хабар? АЛВАРЕЦ Уымæн, ЪТ
Æмæ ды хъуамæ ма хæрай дæхи, Фернандойы кæй нал фендзынæ, ууыл — Мæн абон бафхæрдта. Æмæ йæ ныр Æз асырдтон мæ хæдзарæй мыггагмæ. Æмгæрон æй куы ’рбауадзай, уæд тæрс Дæ бафхæрд фыды мастæй... Æз дын барын Дæ уарзондзинад, уый дæ сахъат уыд, Æмæ йæ ныр ды сраст кодтай. Уырны мæ, Дыккаг рæдыд кæй не ’руадздзынæ, уый. СОРРИНИ Лæуу фидар, буц Эмили! Уарзондзинад Куы ацæуа — æнцондæр дын уыдзæн. ЭМИЛИ (йæ цæстысыгтæ калгæ) Цы мын фестут, æгъгъæд мын куы у уый дæр, Уæд ма мыл худгæ та цæмæн кæнут? (Кæуы.) мили йæ цæстытæ кæлмæрзæнæй бамбæрзы æмæ ацæуы. Иннæтæ джихæй аззадысты.) СОРРИНИ Куыд цæхгæр ын æй загътай, Алварец? Æнæнхъæлы цæф тынг фæриссы. АЛВАРЕЦ Э! Хъуыды дæр ыл кæныс, нæ фыд Соррини,— Ау, искæд ын æй ской кæнын нæ хъуыд? Нæ, рагацау хуыздæр у. СОРРИНИ Алкæд — нæ. Дæ зæрдыл дар: чызг дидинæг у раст, Æвиппайды куы тасын кæнай уый, Уæд асæтты. ДОННА МАРИ Цом, аходæп нæм фен, Дæ зæрдæ кæд зæгъы, нæ фыд Ооррини. СОРРИНИ Иттæг бузныг, хæларзæрдæ Мари! Зæххон хæлц хъуамæ ма рæвдауа арæх, Хуыцæутты хæлц цы удæн вæййы, уый. Хæрзрайсом, донна! Фенынмæ. Ды дæр Хæрзрайсом у, цытджын хæлар Алварец! Хуыцау уып ахъаз бакæнæд... æмæ Уæ чызджы зæрдæ барухс уæд; æнæмæнг, Уыдзæнис афтæ. Ха-ха-ха! Хæрзбон! (Йæ сæрæй ныллæг кувгæ фæцæуы.)
АЛВАРЕЦ Мæ бинонты дæ басгарын куы фæнда — Мæ хæдзары дуар алкæддæр дæуæн Уыдзæни гом... нæ зæрдæтау. Табуафси! (Соррини ацæуы.) Хуыцауæн табу! Ахæм сабыр у, Æмæ йын лæг цы зæгъа, уый нæ зоны. Нæ уарзын, алкæд «о, о» чи кæна Æмæ æппæтыл разы чи уа, уыдон. Мæсты куы уой — сæ хуызыл нæу бæрæг, Æмæ сæм лæг цы дзура, уый нæ зоны. Фæлтау-иу семæ тынгдæр хъаугъа кæн Æмæ уыдзæни фидауын æнцондæр. (Иууылдæр ацæуынц.) С ц е н æ II Æхсæв. Галиуырдыгæй бæласдон æмæ балкъон. Рацæуы Эмили. Бал- къонæй бæласдонмæ —асннтæ. Эмили бады. Бæлæсты сæрмæ скæсы мæй.. эмили Ныхъхъус æппæт!—æрмæст мæ риу нæу сабыр; О дурзæрдæ — куы дын дзырдтон, зæгъгæ, Фæгæдзæ кæн мæн тыххæй... Ау, йæ бон Нæ уыд ныллæууын? — Ахæмтæ сты лæгтæ! Цы бæрæг и: мæ уарзынæй йын кæд Мæ фыды фæнд зынаргъдæр уыд, миййаг?! Ныр мын зæрдæтæ ничиуал æвæрдзæн. (Фæхъус ис.) О фыдыус! — Цæй саузæрдæ фæлдыст дæ! Æмæ ды дæр, цъыфдзæсгом иезуит! — Кæцæй фæдæн ныр ме ’намондæн се ’хсæн! Ей-джиди! — а зæрин мæй ма уæд та Куы барухс кæнид мах фæстаджы фембæлд! Нæ, мæн Фернандо нал уарзы, æндæр Æрцыдаид хæрзбонмæ. Æз ын барын йæ тæлтæг ми: фæлæ цæмæн нæй ам Æмæ мæнæй хатыр цæмæн нæ куры... Мæ фыд æм тынг тызмæг уыд,— уый æцæг у! — Бынмæ ныххизон... Чидæр цыма змæлы... (Æрхизы балкъоныл.) Куыд ризы зæрдæ!.. Нæ фæлæ цы тæрсон? Хæрз нунæг дæн... Æмæ кæд исчи... Чи дæ? 59-
Кæйдæр аууон æрбахæстæг кæны... Ах! О хуыцау! Цы ма фæуон? ХЪÆЛÆС Эмили! ЭМИЛИ Ах, ах! Сыгъдæг Доминго, баххуыс кæн! Дæлимон мæм æрбацæуы. (Тæссæй цы фæуа, уый нал зоны.) ФЕРНАНДО Эмили!.. Мæ хъæлæс дын цæй æнад у! Фæтарстæ? ЭМИЛИ Нæ! Ах! Æрбадæм. Ризын.,. ФЕРНАНДО (йæ къух ын райсы) О, æцæг. Фæлæ мæ афтæ тынг цæмæй фæтарстæ? (Æрбадынц бандоньм.) ЭМИЛИ Цы зæгъдзынæ? ФЕРНАНДО Хæрзбон зæгъинаг дæн... Хæрзбон, зæгъгæ, мын ацы дзырд фыццаг хатт Дæтты зæрдæниз. Афтæ мæм кæсы, Цыма уыдаин амондджындæр, ам мæ Хæрзбон зæгъын куы никæмæн хъуыдаид. Куы кæуай ды — мæнæн дывæр маст уæд. ЭМИЛИ Дæу аххос уыд — нæ дын дзырдтон, лæуу уал? Нæ дæ фæндыд. Кæй аххос дын у ныр? ФЕРНАНДО Нæ уыд мæ бон, хæрын дын ард хуыцауæй! Нæ мæ зыдтай,— цæмæн ма мæм фыстай? Фæлæ фæцис,— ныууадз дæ бустæ ныр... Æгъгъæд хъаст кæн: мæхи зылынджын хонын Зын у мæнæн, дæхæдæг зоныс уый... Цы ’рцыдис, уый -æрцыдис... ЭМИЛИ Ныр, Фернандо, Кæм цæрдзынæ?.. ФЕРНАНДО Кæм цæрдзыпæн ны’р? Кæм!.. Мæ зынвадат æрлæууыдис мæ зæрдыл... Цæмæн мæ фæрсыс афтæ? Ды куы зоныс, Нæ мын хæлар ис, нæ бынат, нæ хицон,
Нæ ’хсæвиуат æнæхъæн паддахады. Мæгуыргур дæр хъæздыгдæр у мæнæй, Æнцад-æнцойæ ракуры йæ къæбæр. Мæнæн æрмæст æгас дунейыл иунæг Ды загътай: «Уарзын», —. æз æрмæст дæуæн Æргом кодтон мæ сагъæстæ, мæ сæнттæ; Ды мын — хæлар дæр, хицон дæр — æппæт! Дæхинæй хъуамæ буц уай! О Эмили: Нæ кæрæдзийæн равзæрдыстæм мах, Мæ дуне дæ, мæ удынцой, нæ хуыцау Нæу дурзæрдæ — нæ мын байсдзæни дæу! (Бахъус сты.) ЭМИЛИ Нæ фæлæ, дам, чызгæн æмбисæхсæвтæм Нæлгоймагимæ бадын нæу рæсугъд. ФЕРНАНДО Куы бадай мемæ, ма тæрс уæд æппындæр. ЭМИЛИ (йæ хъуырыл ын атыхсы) О м’ахсджиаг! Куыд зын мын у! Цыма Мæ риуы нæй зæрдæ, фæлæ дзы дур и... Куы ’рбаймысын— фæстаг хатт дæ уынын: Нызгъæлы цæссыг, банцайы мæ улæфт... Миййаг, æваст куы ’рбацæуа дада, Кæнæ мын тагъд куы фæраст уай фæндагыл... Цыдæр тæссаг хъуыдытæ мæм цæуынц, Мæ фыны федтон дысон, цыма мæн Æргæвстай ды... ФЕРНАНДО (тызмæгæй, тагъд-тагъд) Ныууадз-ма. Скæс-ма мæймæ, Куыд сабыр у, цы диссаг у йæ ленк! Йæ алфамблай та — урс-урсид æврæгътæ! Мæй, мæй! — цæйбæрц æнкъарæнтæ ис уым — Цы уыд, цы ис æмæ цы ’рцæудзæн — се ’ппæт Дæуыл зынынц, зыны, цы нал ис, уый дæр! Цæмæй зыдтон, кæддæр нын донбыл, хæхты, Цы мæй кодта нæ фыццаг фембæлд рухс, Уый мадзура æвдисæнæй кæсдзæни Нæ хицæнгæнæн фембæлдмæ, Эмнли!.. Кæс-ма йæм, кæс, æвзист æврæгъты ’хсæн, Армидæнау, тæмæнтæкалæг арвыл Р1æ галуанмæ куыд фæленк кæны мæй. Иæ алфамблай æмæ йæ фæдыл мпгътæ Куыд кæнынц балхон рыцæртау æмбырд, Цыма сæ риуты уарзондзинад судзы; 61
Хæстæгмæ йæм цы мигъ бакæсы, уый Ныррухс вæййы; сæ кæрæдзийæ мигътæ Куыд уынынц се сæфт, кæс-ма сæм, кæс: Куыд сау дарынц сæ цъупп худтæ, куыд ризыпц Сæ худтыл систæ!.. Нал хъуыды кæныс Нæ фыццаг изæр, афтæ уыд æппæт дæр — Арв, зæхх — рæсугъд цыдæриддæр, æрмæст Нæ хъысмæт тар, æнкъард... 0 адæм, адæм!« Ды уыдонæй куы нæ уаис, уæд сæ Тъымы-тъыматæм сау æлгъыстæн раттин!.. ЭМИЛИ Æмæ дæхæдæг адæмæй нæ дæ? ФЕРНАНДО Мæхи дæр раттин сау æлгъыстæн семæ. ЭМИЛИ Цæмæн? ФЕРНАНДО Цæмæн! Нæ фæразын кæсын, Кæрæдзийæн фыдбылызгæнæг адæм Цы фырнымд митæ кæнынц, уымæ; нæу Мæ бон кæсын, æнæнысанæй адæм Куыд бырсынц размæ, уымæ; йе зæххыл Æхцайы тыххæй цас зæрдæтæ фехæлд!.. Æниу... Эмили... Эх, сырд дæн æз, сырд — Дæуæн æз раттин диссаджы стыр амонд, Тырнин, цæмæй мæ ферох кæнай ды... Фæлæ куы ’ркæсын сомбонмæ, нæ цардмæ, Уæд та, Эмили... уæд вæййын цæттæ Дæ рухс амонд нывондагæн дæттынмæ, Цæмæй мæ фарсмæ уарзон уд уынон, Мæ рыст зæрдæ мын чи кæ^а æмбаргæ! Цæрæнбонтæм мыл ахæм сау рæстæг Куы не скæнид... Фæлæ! Ды ма уарз мæн... Куы зоныс м’ахаст — ферох мæ кæн, хорз? ЭМИЛИ Куы зæгъин: хорз, цымæ цы уаид уæд? Дæ зæрдæйы цы хъуыды нæй, уый ма дзур. ФЕРНАНДО Мæ зæдыхай, нæу бамбарын дæ бон, Дæ уарзынæй цæйбæрц мæ зæрдæ риссы. (Кæрæдзийæн хъæбыс кæныиц.) 0, кæд уæларвон амонды дæр маст Нæ иу пъайы бæрц ис, уæд æз дзæнæтмæ Нæ цæуын барвæндонæй. Эх, Эмили,
Хуыздæр дын уыдзæн беридон фæлтау — Цу уырдæм, бамбæхс рухс дунейæ, амæл! Нæ фидæны тæссаг нывтæ уынын!.. Цæмæн, цæмæн дыл фембæлдтæн, мæ дуне! (Дзæнгæрæг цагъдæуы.) Æхсæв у. Цæй... Цы уынæр уа уый? (Аджих сты.) Чидæр! Æнæхгæдæй мын аззад кæрты дуар... Цæугæ, цæугæ! ЭМИЛИ Хуыцау, нæ удтæ де ’вджид! (Балкъоныл фæаууон вæййы.) ФЕРНАНДО (йæ кард сласы) Уый кæцы дæ? Дæ цымыдисыл дзуапп Мæнæн дæ иармæй ратдзынæ! (Къутæр ныццæвы æмæ дзы æрдиаггæнгæ рахилы зæ дзуттаг æмæ йæ зонгуытыл æрхауы.) МОИСЕИ Ныббар мын... Испайнаг кæй дæ, равдис уый: хатыр. ФЕРНАНДО Гæды зæгъыс... Ды маринаг дæ: хъуыстай. Тагъд басæтт: ды æрвыст уыдтæ. (Кард ын йæ хурхмæ ныддары.) МОИСЕЙ (йæ зонгуытыл) Нæ. ФЕРНАНДО Сайыс!.. МОИСЕИ , Нæ, зæронды дзæгъæлы марыс — тæрс; (Йæ къæхтыл ын тыхсы.) Хатыр, хатыр... Нæ хуыцау иу у махæн... Мæн ахсынц, сурынц... Кæд фыд ис дæуæн... Æз дæр фыд дæн, дæ фыды тыххæй уæд Мæн инквизицийы тæрхонæй бахиз. Мæ бынтæн се ’мбис айс, фæлæ уæддæр Мæ урсытæй, мæ зæроид сæрæй ма хьаз — Дæ хуыцау дын æй бахынцдзæн. Мæнæн Ис чызг æмæ цы фæуыдзæни’ уый, Ды мын куы нæ ныббарай, уæд... Цы кæндзæн?.. О, бахатыр кæи, ба... ФЕРНАНДО Дæуæн чызг ис?
Мæн та фæндыд?.. О, нæ!.. бæстыл æнæуый Ис сидзæртæ дзæвгар... Гъа, айс сæ, (Нæ йæм кæсы, афтæмæй йын баппары плащ æмæ худ.) Скæн!.. Мæ фæдыл цом... Сыбыртт дæр — уæд мæлæт! Ды ма тæрс — мæн дæ фервæзын фæнды. МОИСЕЙ Куыд, куыд!.. (Фæхъус сты, уираг ныджджих ис. Испайнаг æм æнæуынон цæстæй кæсы.) Хæрын дын ард Иерусалнмæй, Чырыстон нæу — нæ мæ бауырндзæн. ФЕРНАНДО Бур куыдз! Цы загътай, цы? Цы загътай, бур куыдз, цы? Мæ дин мын ам, мæ цæсты раз, куыд фауыс? Цæугæ! (Дардæй фæзынынц адæм судзгæ цырæгътимæ.) МОИСЕЙ (сабыргай иæхинымæры) Æмæ, мпййаг, куы радта мæнг Æмæ, минйаг... ФЕРНАНДО Уыныс цырæгътæ?.. Цом. ДЫККАГ МИ С ценæI Сорринийы хæдзары, хæтæнхуаг æххуырстытæн хæринаг кæм фæдæт- тынц, уыцы уат. Иукъорд ислайна- джы бадынц стъолы уæлхъус, хъæрзей ныхас кæнынц, худынц æмæ злрыиц. Фæсдзæуинтæ æвæрьтнц сæн. 1-аг ИСПАЙНАГ О, кæд нæ сыгъдæг инквизици махæн Къæбæр дæттынæн конд æрцыдис, уæд Цæрæд дзæбæх, æнтысæд ын!.. Соррини Кæд иучысыл фырнымд лæг у, уæддæр Йæ сæрмæ ’рцæудзæн азтимæ фылдæр зонд, Æмæ рæднйгæ нал кæндзæн. 2-аг ИСПАИНАГ Куырм дæ, Æмæ дæм урс дæр сау фæкæсы, иннæ 64
Куырмытау. Ха-ха-ха! Нæ загътон раст? (Нуазы.) 1-аг ИСПАИНАГ Æцæг зæгъын, мæ хæлæрттæ, нæ сауджын Æрыгон у, кæд буарæй нал, уæддæр Иæ зæрдæйæ. Цæйбæрц æй уарзынц сылтæ, Кæнæ сæ уый куыд тынг уарзы зæрондæй! 3-аг ИСПАИНАГ Мах æй куыд уарзæм, сылгоймæгтæ дæр Раст афтæ! 1-аг ИСПАИНАГ Ау, æмæ йæ ды нæ уарзыс? 3-аг ИСПАИНАГ Куыд нæ! Иттæг! Куы мæ бафсады, уæд. Фæлæ мæ хæрд æмæ мæ нозт куы ’рцæуынц, Уæд та йæ ногæй нал фæуарзын æз!.. 4-æм ИСПАЙНАГ Уæдæ уын æз мæ сæр лыгæн æвæрын, Соррини та цыдæр хинвæнд кæны. Хуымæтæджы нын не ’рхаста нозт, минас. Æрымыс-ма, цы фынг æрæвæрдта, Дон Педройы куы ’ргæвдын кодта, стæй нын Йæ бæстыхай куы судзын кодта, уæд? Кæннæуæд нын бургосаг саурæсугъды Куы скъæфын кодта, уый агъоммæ ам Цы минас уыд! Дæлимоны хъуыддаг уыд! Хæрын уын ард, цыдæр хин та кæны!.. 1-аг ИСПАИНАГ Нæ хъуыддаг нæу! Хæрын хъæуы, стæй нуазын. Уый дины раз нæ сæрылхæцæг у. 3-аг ИСПАИНАГ Æвæдза, сауджын хорз бакæнид, махæн Иæ бирæ сылтæп хай куы скæнид, уæд; Кæннод, миййаг, куы бампылой æгуыстæй, Куы нал цæуой нæ усдоны, миййаг. 5-æм ЙСПАИНАГ (хъæр кæны) Сæн-ма! ФÆСДЗÆУИН Ныртæккæ. 5-æм ИСПАИНАГ Тагъддæр сæн, дæлимон! Æлгъыст фæуай Сорриниимæ! Сæн1 ФÆСДЗÆУИН Гъа, уый дын сæн. 5-æм ИСПАИНАГ 5 М. Ю. Лсрмонтов 65
Сæн донхæццæйæ — хъылма. Фæдæлдзæх у дæ сæнимæ, селфой! (Аппары нуазæн æмæ сæн бакæлы 2-аг испайнагыл.) 2-аг ИСПАЙНАГ (ратæвд вæййы) Эй, хъус-ма! Кæс дæхимæ, науæд махмæ Нæмын дæр зонынц. 5-æм ИСПАЙНАГ (фестади) Цы, цы загътай, цы? 2-аг ИСПАИНАГ Зæгъын, нырæй фæстæмæ кæс дæхимæ!.. Кæннод!.. (Фелвасы бандон.) Мæ бандон сæмбæлдзæн дæуыл!.. 5-æм ИСПАЙНАГ Бæргæ фæуаис уæлмæрдтæм хæссинаг, Бæргæ дын де ’взаг ралыг кæнин æз Æмæйæкуитæн бахæрынæн раттин. (Сласы йæ хъама.) Фæлæуу-ма, æз дæм баххæссон... (Йæхи йæм æппары.) 3-аг ИСПАИНАГ Æнцад (Иргъæвынц сæ.) Æруадз дæ кард, ды та — дæ бандон, слæуут, Æцæг хæцджытау уе ’хсаргæрдтæ сласут, Кæсджытæ та уын — фаг æмæ уæлдай. (Се ’хсаргæрдтæ сласынц æмæ слæууынц ныхæй-ныхмæ.) Гъе, афтæ. Райдайут, æрмæст тæвд— нæ! (Хæцынц.) Ды йæм дæхи æгæр хæстæгмæ ма лас... Цæмæн тæвд кæныс? 2-аг ИСПАИНАГ Уый фæцæф ис. 5-æм ИСПАИНАГ Нæ!.. 1-аг ИСПАИНАГ Куы фæцæф уа уæ иу, уæд хæст фæуæд. 5-æм ИСПАИНАГ (лæбуры йæм) Ныртæккæ йæ фæтæппæлæг кæнон! 1-аг ИСПАИНАГ (цыппæрæмæн) Сæнтдзæф у тынг, фæлæ уæддæр хъæбатыр! (2-аг испайнаг сыдзмыдзы йæхи ласы, 5-æм та йæм лæбургæ кæны æмæ æваст фæцæф вæййы, иргъæвынц сæ.) 3-аг ИСПАИНАГ Æгъгъæд, æмбæлттæ, бафндаут ныр!.. 4-æм ИСПАИНАГ Ай-гъай, хылæн вæййы йæ фæстæ фидыд. 5-æм ИСПАИНАГ Цæй, хорз, æз разы... басастай мæ ды. 66
2-аг ИСПАИНАГ Уæдæ та ног — хæлæрттæ. 5-æм ИСПАЙНАГ Фæлæ зон: Мæнæ мæ адон ауагътой — мæ ныхас Æнæмæнг сæххæст кодтаин æмæ Уæд афонмæ хæриккой куитæ де ’взаг! (Бацзгуы Соррини, се ’ппæт дæр ын сæ сæртæй ныллæг вынц.) СОРРИНИ Цы загъд-замана хъуыстон! 5-æм ИСПАЙНАГ О, мах цъус Фæхъаугъа стæм, нæ кадджын фыд, фæлæ Фæстæмæ уайтагъд бафидыдтам... (Иннæтæм.) СОРРИНИ Æз та уын хъавын кадджын хæс дæттынмæ. О, ахæм хæс нæма уыдис уæ бæрны... Хъуыддаг... Алварецы нæ зонут? ИУМÆ Зонæм! СОРРИНИ Ис уымæн ус. ИУМÆ Йæ ус? СОРРИНИ Нæ, нæ! Ус нæ!.. Уый мах хъæуы фæдсайынæн, цæмæй уын Йæ чызджы скъæфын бауадза, йæ чызг Куы нал уа уым, уæд лæджы бынтæ усы Уыдзысты,— лæг хæррæгъ у ныр,— йæ усы Куы бафæнда — фæтагъддæр æй кæндзæн. Фæлæ ныртæккæ уый тыххæй нæу хъуыддаг. Ис Алварецæн саурæсугъд чызг; мæн Фæнды... Уæвгæ, цы мæ фæнды — куы зонут! Цæмæн ма мын æп дзурын кæнут уæд? — Мæ зæрдæмæ фæцыдис æмæ судзын Йæ уарзынæй! Мæ бирæ бынтæ йын Нывонд кæнын... Æрласут мын æрмæст Эмилийы! — цы уæ бахъæуа: судзын, Æртхънрæнтæ, лæгъстæ кæнын. йе марг — Фæстиат нæ! Чи бахъыгдара — маргæ! Р1æ мады, фыды, æххуырсты,— æрмæст Мæнæн æрхæссут рæсугъды! — Сыбыртт дæр
Куыд не ссæуа, æппæт дæр сусæг уæд, Æрцæуæд хъуыддаг амондджын кæронмæ. Уæд, ме ’рдхæрдтæ, сымахæн ахæм куывд Уыдзæнис, ахæм, чи нæ уыд дунейыл. Фæлæ-ма хъусут! — сусæг фæнд у уый, Æмæ куы схъæр уа, о! — миййаг, куы схъæр уа — Æрцахсдзынæн уæд уе ’ппæты дæр æз, Æмæ уæ судздзæн арты инквизици. 3-аг ИСПАЙНАГ Æз зонын Алварецы, стæй йæ усы, Иæ чызджы дæр... Фæлæ ма ис Фернандо, Сæ хæдзары йæ схъомыл кодтой. Уый Сæрæнгуырд у. Мæхæдæг федтон, цирчы Хъæддаг галы куыд афæлдæхта; уый Нæй балхæнæн, йæ басæттын тæ ноджы Зындæр уыдзæн. 4-æм ИСПАИНАГ Уый раст! Æмæ стæй Эмили дæр йæ уарзон у... СОРРИНИ Фернандо! Уый чи уа? А! Фернандо! Уыцы ном Цыма лæууы мæ зæрдыл... А! Æнамонд! Æрæджы йæ чысыл цæйдæр тыххæй Сæрхъæн Алварец расырдта йæхицæй!.. Тæссаг уын нæу... Фæлæ, уæвгæ, миййаг, Куы базона, уæд бахъыгдардзæн исты... Цæй, уыцы тæвдсæр уæ куы дара хъыг... Нæ! Раздæр мын уый амарут... Цы ран ис, Уый базонут: æфснайд куы ’рцæуа уый, Уæд уын æнцон хæссæн уыдзæн Эмили. Хæрын уын ард, рæсугъд хъуыды у уый! ИУМÆ (хъæр кæнынц) Бæззы цыма... Лæууæм дæ фæндыл мах! СОРРИНИ Фæндараст ут! Цæй, уе ’гъдауыл æууæндын. (Се ’мбис ацæуы. Йæхинымæры.) Куы дæ фæнда, цæмæй дын исты хъуыддаг Ие саразой, йе ма саразой, уæд Дзур адонæн, зæгъгæ уыл тынг æууæндын; Æмæ сын уæд сæ хиуарзондзинад Дæ зын фæдзæхст дæр бакæнын кæндзæни. ннæтæ дæр ацæуынц. Соррини къæлæтджыны æрбады.) Сызгъæрин! Гъе! — уый адæмæй хуыздæр у,
Ис уый фæрцы фæзылын кæнæн, ис Ысраст кæнæн дæр,— уымæй ис æлхæнæн Тæригъæдтæ ныббарыны гæххæтт, Æмæ уæд кæн тæригъæдтæ æдæрсгæ, Уæддæр дзæнæтмæ бахаудзæни лæг. Æ-гъи, уæдæ мæ фæстаг аз æрхæццæ. Эмили, дæу мæ къухтæм хъæуы ныр! Мæныл фæхудтæ знон, ныр хъуамæ суадзон Дæуæй мæ маст. О хъал рæсугъд, лæудзынæ Дæ зонгуытыл мæ тæккæ раз кæугæ Æмæ дзыназгæ... Бамбардзынæ уæд Мæ зæрдæ ды; æмæ дын æз куы зæгъон, Зæронд лæг дæр ма уарзынхъом вæййы, Уæд худгæ нал, уæд мæ кæндзынæ уарзгæ. Цы? Уарзгæ? Ха! Цы худæджы дзырд у! Æгайтма йæ мæ дзыхæй ничи хъусы. Фæлæ дзы хъуамæ райсон æз мæ маст, Фæнды мын уый фæстаг нывондаг фестæд!.. Фæстаг? Нывонд! — Цыма мæм нал и ’хца, Цæмæй дæс азæн балхæнон гæххæтт Æмæ та ног мæ тæригъæдтæ суадзон! Тæригъæдтæ! Ха-ха! Цы у, цы, дин, Æууæндгæ дæр ыл чи нæ кæны, уымæн? Æнæ динæй дæр нæу мæ цард æвзæр. (Хъæлдзæг къордтæй бацæуынц испайнæгтæ, семæ — заоаг.) ИСПАЙНÆГТÆ Мах а зараджы фæндагыл æрцахстам, Кæд дæ фæнды, уæд байхъус, зары уый Нæ ивгъуыд цард, нæ сæрыстыр фыдæлтыл; Цæй, иучысыл æм байхъусæм, нæ фыд! СОРРИНИ Нæ, бузныг; цæй, мæ хæлæрттæ, мæнæн Зæххон цинты, æрыгæтты куывдты Æвдисæн уæвын не ’мбæлы, мæ урс сæр Ныр нал у цинтæн, дидинджытæн, уый Чырыстийæн хæрз ныллæг хъуамæ кува. Нæ, заргæ нал — дзыназын æмæ кувын Хъæуы иыр мæн, цæмæй æрцæуой уагъд Мæ тæригъæдтæ, стæй уæ тæригъæдтæ: Æмсæртæ сты фиййау æмæ йæ фос. (Ацæуы сæргуыбырæй.) 5-æм ЙСПАИНАГ (фæрсмæ) Цæй, хорз! Æнæ дæу бархидæр уыдзыстæм. 69
3-аг ИСПАИНАГ Хæрын уын ард, нæ мæ бауырндзæн: ау, Куыд уыдзысты нæ тæригъæдтæ уыйбæрц? Мах ракæнæм фыдгæнд, цæмæй цæрæм, Уый та цæры, цæмæй кæна фыдгæндтæ. ЗАРАГ Цы базарон, хуыцауыстæн, нæ зонын!.. 2-аг ИСПАИНАГ Ныууадз, лымæн, æрбад, дæ фæндыр райс, Æрцæгъд дзы — зарæг райгуырдзæн йæхæдæг. Æз уарзын зарæг, зарæг ис æввахс, Йæ мыртæм уæд кæны мæ уд æрхæндæг. Кæнæм æм мах нæ ивгъуыд бонтыл хъыг, Æрæмысæм æм не ’нæдомд фыдæлты... Æрцæуы, ризгæ, цæстыхаутыл сыг, Æмæ та ’рлæууынц сонты бонтæ зæрдыл.. Нæ цæссыг ныр нæ уадултыл ныххус, Нæ зæрдæтæ кыддур сты бынтондæр, Фæлæ уæддæр, тæхуды, зардмæ хъус Æмæ дзыназгæ мыс дæ сонты бонтæ! 3-аг ИСПАИНАГ Ха-ха! Ха-ха! Лæмæгъ митæ та ног!.. Йæ кæддæры сæрхъæн мнтæ та снста, Йæ мысинæгтæ! О дæлимон! 5-æм ИСПАИНАГ Сыл! 4-æм ИСПАИНАГ Тс, тс. 1-аг ИСПАИНАГ Сс! Хъавы райдайынмæ. Хъусгæ!.. ЗАРАГ Гваданы дон уайы цъæх-цъæхид фæзтыл, Æрттивы дзы аргъуаны сæр. Фæлæ, дам, æнæдин мæнгард адæм уым- Сæ сау бæхтæ надтой кæддæр. Уым донгæрон фидар бæрзонд обау уыд, йæ быны — цæнгæтæй цæджындз. Пысылмоны сарыхъ, чырыстоны дзуэр Ныр обауы цъуппыл лæууынц. Сæ цуры та уыдонæн беридон уыд, Æмæ-иу æрталынг куыддæр, Раст афтæ-иу беритæ уырдæм бырстой Æхсæвыгон хъæлдзæг куывдтæм. Куы цыди сæ зарын, сæ нуазæнты хъæр,.
Уæд фегом ис кулдуар æваст,— Фæзынд сарацин, уымæ хотых нæ уыд, Фæлæ бауагъта куывддонты маст. Сæрæй кувгæ, æнæдин сабыр дзырдта: «Мæ сарыхъыл исын мæ къух, Уæ дин æмæ уе ’гъдаумæ айсут мæн дæр, Сымах дин кæндзынæн æдзух. Æнæхин, æнæсайд, мæхи бæстæй æз Фæцыдтæн уæ цæрæнмæ дард. Æз базыдтон уе ’гъдау, æз бауарзтон уый, Æз ратдзынæн ууыл мæ цард!» Ныццавтой йыл беритæ уайтагъд сæхи, Сæ хъама йæ риуы ныссагъд, Æрттывтой йæ хъуурыл сызгъæрин, налмас, Æмæ йын сæ фелвæстой тагъд. Фæхудтысты бирæ, æлгъыстой йæ тынг, Сæ маст ыл фæкалдтой дзæвгар; Сæумæйыл æппæрст æрцыд доны былмæ Æнæхицау тугæйдзаг мард. Æртæ бонмæ сырæзт бæрзонд обау уым, Уым дзуар æмæ сарыхъ — æвæрд; Бынæй та æрцыдис уæларвон тыхæй Æцæгæлон бæстаг ныгæд. Уæдæй нырмæ алы мæйрухс æхеæв мард Æрбацæуы беритæм тагъд, Цæмæй йыл чырыстонау саргъауой ныр, Фæкæны сæм уый тыххæй загъд. (Чидæртæ йын æмдзæгъд кæнынц.) 1-аг ИСПАЙНАГ Иттæг хорз! Диссаг! ИУМÆ Бузныг, бузныг! Сæн! Нæ баназис, дæсны фæндырдзæгъдæг? (Сæн ын дæттынц, æмæ нуазы.) ЗАРАГ Цæрæд нæ сауджын... уый фæстæ — сымах! 3-аг ИСПАИНАГ Æмбæлттæ, цæй, ныр цомут æмæ ссарæм Нæ амæттаг, нæ нывондаг чызджы... Сыгъдæг Доминик, де ’ххуысы хай ракæн. Хуыцау, ныббар! Цæрынæн кусæм мах. (Кæл-кæлæй худгæ ацæуынц.) 71
С ц е н æ II Дзуттаджы хъæздыг уат, бирæ га- уызтæ æмæ чырынтæ. Цырагъдарæ- ныл судзы лампæ. Рæбынæй дыууæ дзуттаг усы хал кæнынц фæрдгуытæ. Бацæуы Ноэми æмæ йæхи æруадзы бандоныл. ноэми Нæ! Кусын нæу мæ бон. Дывæр кæны Мæ цæстыты раз хуинаг, мæ къухтæ Зыр-зыр кæнынц, æмæ сæ ’рхауы судзин! Фæндыд мæ скувын, уый дæр нæу мæ бон! Мæ ныхæстæ та схæццæ вæййынц уайтагъд; Куы уазал кæныыц ме уæнгтæ, куы та Мæ цæсгом судзы фыртæвдæй; мæ зæрдæ Цыдæр кæны, цы уа — бæрæг ын нæй... Мæ хъуыдытæй нæ цух кæны мæ фыды Мæлæтæй фервæзынгæнæг æвзонг Лæппуйы хуыз. Хуыцау ын раттæд, мах Æнæхай кæмæй фестæм, уыцы амонд! Уираг цыма нæу адæймаг. Нæ мыггаг Испайнæгтæй фыдæлтыккондæр у! — Сæ пахуымпар Ерусалимы райгуырд. Куыд не сты худæг, не ’гъдау, дам, нын райсутС Ау, уæд цæмæн? Цæмæй кæрæдзи марæм, Раст уыдонау? Фæлмæнзæрдæ уæвын, Сабыр цæрын æмæ кæрæдзи уарзын — Гъеуый, дам, у испайнæгты закъон! Фæлæ сæм мах нæ федтам ахæм митæ. (Аджих вæййы.) Уæвгæ сæм иугай адæймæгтæ ис! Зæгъæм, ызноны ме ’нæзонгæ сахъгуырд... Цæмæй зыдтон? — Нæ хæдзарæй рæхджы Фæхаудзæн, уый? — Хъыгаг хабар.— Дада мын Куыд раппæлыд йæ миниуджытæй, куыд! Хæрз уæздан гуырд, бæрзонд æмæ гуырвидауц, Цæхæрцæст, саухил, диссаджы хъæлæс... Æниу цымæ цæмæн ныххауд мæ зæрды?.. Цы мын у? Ехх, сывæллонау дæн раст! (Аджих вæййы.) Тыхсы мæ уд! — Цы ми кæнон — нæ зонын, Цыма мын абон сабат у,— мæ зæрдæ Гуыпп-гуыпп кæны æппынæдзухæй, раст, Цъиу чыргъæды куыд пæр-пæр кæна, афгæ!
Цымæ дада куыд æрæгмæ цæуы? Куы та бахауа фыдгæнджыты къухмæ... Зын у æгас бон иунæгæй; цыма Æнæсцух зарыс иу зарæг: фæрдгуытæ Куы хал кæн, куы фæстæмæ райхал; кæс Дæ иу чиныг æдзухæй; скæн дæ уæлæ Рæсугъд фæлыст æмæ фæстæмæ ралас, Хæр, нуаз, ныххуысс... Æвæдза, ацы ’хсæв Мæ фын цыдæр æхсызгопæй тæссаг уыд!.. (Бахъус вæййы.) Цы ма мын у? (Сиды.) Дыджызæ! Сара! Сара! Æрбауай-ма! Цы фæдæ? САРА (зæронд ус, бацæуы) Циу, мæ къона? Ноэмн, циу, дæ фæрдгуытæ, миййаг, Нæ хал кæнынц? Æмæ куы базæронд дæн, Мæ цæстытæ куы нал уынынц, ды мын Æнахъом дæ, æз та бынтон æрхаудтæн. НОЭМИ Нæ, æз фæрдгуытæ хал кæнын ныууагътон. САРА" Цæмæн? Дæ зæрдæ сæ фæцъæх? Мæнæн Дæ цахъхъæнæй дæ уавæртæ нæ уыдис! Ныры фæлтæрæн — алцыдæр æвзæр! Цы мæм дзырдтай? НОЭМИ Хъуыдтæ мæ ды. Æнкъард у. Хъæрзгæ дæн æз. САРА Хъæрзгæ дæ? 0 хуыцау! Цæй, арвитон уæд дохтырмæ, æз зонын Дæсны дохтыр... НОЭМИ ч Нæ хъæуы... Ахæм нæу Мæ низы хатт! Куыддæр нæ дæн мæ сæрæн. Тыхсы мæ уд... Цыфæнды куыст кæнон — Нæ цæуы рæвдз! Цы мæ хъæуы — нæ аонын!.. Нырхæндæг дæн! Уæд та мын аргъау ракзсш Зæронд цардæй! Æрбад æмæ мын ракæн!.. САРА Цæй аргъау ма хъуыды кæнын, мæ хур, Куы мæ уыныс, цы ма лæууы мæ зæрдыл! Цы бавзæрстон, цы фехъуыстон, цы федтон — Сæ иу дæр нæу æрымысын мæ бон!.. 73
ноэми Æз ацы ’хсæв тыхджын тæссаг фын федтонГ Æнахуыр фын!.. Цæмæ цæуа, зæгъ-ма: Цыма æрбацыд тугæйдзагæй иу лæг Æмæ мын дзуры: «Де ’фсымæр дæн æз...» — Фæлæ дзы æз нæ фæтарстæн æмæ йын Йæ тугтæ ’хсын — йæ риуыл уыд хъæдгом, Тынг арф хъæдгом... Æмæ зæгъы: «Кæс-ма! Æз де ’фсымæр дæн»... Фæлæ ард хæрын, Æфсымæрæй уыд адджындæр мæ удæн, Æмæ куыдтон, æмæ куывтон хуыцаумæ, Цæмæй йæ удæн мацы уа; уæд мæм Ныххудт кæл-кæлæй уыцы лæг, йæхæдæг Æваст зæгъы: «Ныууадз дæ кувын, цæй! Æфсымæрты ныр ничиуал фæуарзы! Ныууадз мæ, дзуттаг саурæсугъд чызг, æз Чырыстон дæн, дæуæн æфсымæр нал дæн, Мæн ахудын фæндыд дæуыл æрмæст!» Æмæ фæцæйцыд... ацахстон æй æз Йæ даргъ фæдджийæ, фæлæ — диссаг! Аззад Мæ къухты уый мæрддзаг дарæс æрмæсг! Стæп фехъал дæн... САРА Куыд, де ’фсымæр дæн, загъта? НОЭМИ Мæнг загъта уый! Мæнæн нæ уыд æфсымæрГ Æмæ мын нал уыдзæни. САРА О Ноэми! Уын ма зæгъ, ма зæгъ! Чи зоны дын уа!.. НОЭМИ Куыд хъуамæ? Куыд? Нæ, уый уæвæн ныр нал САРА Æрбайхъус-ма: дæуæн æфсымæр уыд. Дæ хистæр... Инквнзпцийæ лыгъдыстæм, Æмæ дæ мад æмæ дæ фыдæн уæд, Æхсяевиуат цы ран кодтам, уым баззад Цыдæр æгъдауæй,— тæссæй сын æрбайрох... Æвæццæгæн сæм афтæ каст, цыма Мæнмæ исчуый... Уæдæй нырмæ йæ мардыл Нымадтам мах. Нæ дын æй кодтам хъæр. Цы бæрæг нс, миййаг, кæд уый æгас у! Хуыцауы фæнд зæххонæн пвгæ нæу.
ноэми Ах, Сара, Сара! Нæ, уый амард, баруад, Æнæдон зæххы зайæгхалау; бампылд Зымæгон дыргъау! Уый цæрынæн райгуырд, Мæ рухс дуне уæвынæн райгуьгрд уый. Кæд амарди, уæд амондджыи уыд, Сара, Æз та мæхиуыл хъуамæ ниуон ныр! Мах, упрæгты, нæ уарзынц æмæ сурыпц Æппæт зæххыл: нæ нын цæрæнуат ис, Нæ — сабырад, фыдыбæстæ, нæй ницы! Фæлæ уыдзæн нæ сыстыиæн дæр бон! Уый чпныджы фыст у, æз ыл æууæндын,— «Цæмæн», зæгъут? Цы кодта уыцы тугхор Чырыстонæн мæ фыд? Æрмæст æм ис Æхца; йæ чызг, гъеуый — йæ хъæздыгдзинад; Йæ зæрдæ уый куы дарид, зæгъгæ мын Фыдыбæстæ ’мæ удæнцой уыдзæн, Уæд байуарид æгас адæмыл йе ’хца, Цæмæй йæ дарддæр мауал кæной цъист. Уæвгæ, чыоыстæттæй дæр ис хæрзудтæ. САРА Куыд нæ ма, ис; зæгъæм, æвзонг испайнаг, Знон Моисен кæй фæрцы фервæзт, уый! Дæ фыд ын дзагæй йе ’хцадон лæвæрдта, Фæлæ йæ фехста æмæ загъта: «Куыдз! Дæ цард нæу уый аргъ! Æз нæ дæн æххуырсгæ!» Хуыцау, ныббар ын ахæм карз æлгъыст, Хæрзсæфтгæнæг Израилы хъæбулы Мæлæты раз кæй бахъахъхъæдта, уымæн!.. НОЭМИ Хуыцау, ныббар ын! САРА (бацæуы рудзынгмæ) 0, цы ’хсæв у, цы! Раст ахæм æхсæв уарзынæн фæдæн Йæ амæттаг. Мæхи Иосиф! Ныр Куы феппс мæн, мæ бакастæй фæтæрсис; Уæд ма уыдтæн цæрæцпаг æмæ’’взонг, Мæ цæстытæ рæсугъд тæмæнтæ калдтой, Мæ уадултæ та — туг æмæ æхсыр!.. Мæхн Ноэми! Уый æнхъæл та чп уыд, Мæ ных кæддæр нынцъылдтытæ уыдзæн, Мæ хъуымбыл дзыкку урс кæндзæн! О рæстæг!.. " НОЭМИ Мæ фыд кæм уа!.. 75
САРА Уый циу?.. Куыд уасы уыг! Куыд тæссаг у! Мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Мæ туг фæлидзы дадзинтæй йæ уастæй!.. (Дуар хостæуы.) Ах! Уый дæ (Ьыд æрыздæхтис... Æнафон! ХЪÆЛÆС Дуар бакæнут! Цæй, тагъд! (Æххуырст устытæ акæлынц æмæ бакæнынц дуар, бацæуы Моисей, бакæны Фернандойы, йæ къух баст æмæ тыххæй йæ къæхтыл лæууы, афтæмæй.) МОИСЕЙ Нозми! Сара! Фæкæсут, марадз! Баххуыо ын кæнут!.. Куыд бастадтæн... Мæ хъару нал у тæссæй. Йæ туг фæцыд! Æлгъыст фæуæнт, æлгъыст Дæгмар сырдтæ! Æриут базтæ, бандон, Йæ туг куы фæцыд!.. (Базтыл æй æрбадын кæнынц æмæ йыл хæцынц.) Авраам — æвдисæн, Тæссагдæр уыдис ацы ’хсæв дзæвгар, Мæ хъæбулы цы ’хсæв фесæфтон, уымæй. Æз радтон цард мæ хъæбулæн зæххыл, Æмæ мын ай та бахызта мæхи цард!.. Хуыцау, о уирæгты хуыцау, дæ фырттæй Кæд нæу, уæддæр æй бахъахъхъæн! ФЕРНАНДО О, чи мын Æлгъыста уый мæ марджыты? Цæмæн? Мæлæт хуыздæр уыд, фервæзтанн тагъддæр Мæ удхæрттæй! Мæ бæстæгтæ лæгæн Куы кæной хорз, уæд æй фæкæнынц маргæ! Æгъгъæд, ныууадз! Цы ран дæн? Чи стут ам? (Хуыссæнхъæлдзæгау йæ сæрыл схæцы.) Мæ фервæзынгæнæгæй бузныг,— чи у? МОИСЕЙ Дæхæдæг кæй фервæзын кодтай, уый: Лæууы дæ разы, дзуттаг лæг; дæ адæм Нæ уарзынц мæн, фæлæ мын хорз фæдæ, Æмæ дын хъуамæ бафидон, дæ бæстæ Кæд хонынц мæн сæ удхæссæг, уæддæр. Мæ чызг, уæдæ мæ удылхæцæг ай у! НОЭМИ (зонгуытыл ын пъа кæны йæ къухæн) Испайнаг, уый дын дзуттаг чызг кæны 76
Дæ къухæн пъа!.. ФЕРНАНДО (Моисейæн) Æнæдии, уый цы загътай! Мæ райгуырæн, Фыдыбæстæ!—дзырдтæ, Мæнг, афтид дзырдтæ,— ницы хорз сæ зонын; Фыдыбæстæ фæхонæм мах, кæм нын Вæййы хæдзар, ныййарджытæ, хæлæрттæ, Фæлæ мæнæн æгас арвы бын нæй Нæдæр хæдзар, нæ — хицон, нæ — хæлæрттæ!.. НОЭМИ Чырыстæттæй дæуæн хæлæрттæ нæй, Фæлæ сæ махмæ ссардзынæ, испайнаг; Ды дæ рæстуд, хуыцауы уарзон лæг. ФЕРНАНДО Уыдтæн рæстуд!.. МОИСЕИ (йæ уæлхъус лæугæйæ) Йæ хъæдгомы туг фемæхст; Бæттинаг у, ныффæлурс и бынтон. ФЕРНАНДО Сырдæн хуыггом ис, маргъæн та ис ахстон, Ис дзуттагæн йæ сæр фæцæвæн ран, Мæнæн та уыд æрæнцайынæн ингæн!.. Æгъатыр лæг! Цæмæн мын байстай ды Мæ сау ингæн? Уæ баххуыс мын фыддæр у! Лæджы мæлæтæй бахъахъхъæн, цæмæй Фæкарздæр уа йæ хъизæмар! Æрратæ! Дард! Уадз мæ туг парахатæй кæла, Кæсут æм... О! Хъыг мын у! Нæй ам бери!.. Æрмæст мæгуыр уирæгтæ — циу сæ бон? Уæвгæ, уираг дæр адæймаг у, туг та Æхсызгон вæййы адæймагæн! Дард! (Аппары йæ бæттæн.) НОЭМИ (тынг тыхстæй) Дада! Йæ бæттæн фехста! Туг фæцæудзæн! (Сæхи йæм баппæрстой, бæттынц æй.) САРА Æнамонд уд, куыд æрлæмæгъ... Бынтон Ныффæлурс нс, йæ туг фæцыд; тæригъæд... ФЕРНАНДО Дон, дон мын, судзын, ме ’взаг бахус, тагъд, Уæ хорзæхæй! (Сара ацæуы донмæ.) НОЭМИ Æрсабыр у, испайнаг! Æрыгон дæ, фæлæ дыл у бæрæг, 77
Уыдтæ æнамонд. Фехъуыстон кæддæр, Фыдбонтæ, дам, цы уд бавзары, уымæн Куы фæзæгъæм «æнамонд дæ», уæд ын Йæ зæрдæниз фæкъаддæр кæнæм уымæй!.. Ехх, мæн куыд фæнды, ныр куы уаис ды Æнæниз æмæ хъæлдзæг!.. ФЕРНАНДО Æмæ хъæлдзæг!.. (Дзыназы.) НОЭМИ Дæ хорзæхæй, дæхи нæм афтæ дар, Цыма дæ хо дæн, дзуттаг та—дæ фыд у, Дæ удæн бирæ фенцондæр уыдзæн: Хицоны раз ныфсджын у лæг, испайнаг! ФЕРНАНДО Рæсугъд! Йæ чызг дæ? НОЭМИ Базыдтай, бæлвырд; Ды мын мæ фыды бахызтан мæлæтæй! Æмæ дæу та уый фервæзын кæндзæн. Дæ динæй дын кæнын мæ сомы; ма тыхс, Дæ хъизæмæрттыл мауал сагъæс кæн, Маст хус кæны лæджы. Дон аназ. (Сара дон бахæссы агуывзæйы.) ФЕРНАНДО Бузныг! Дæ ныхæстæ мын — адджындæр мыдæй... Сылгоймаг мыл куы фæмæт кæны, уæд Мæ зæрдæниз фæкъаддæр вæййы бирæ! Зæгъ-ма: цы кодтон уыцы лæгтæн æз, Цæмæн мæ мардтой? Дзаума мæ нæ истой, Абырджытæ нæ уыдысты бæлвырд, Ныууагътой мæ мæ туджы мæцгæ фæсвæд .. Нæ, уый мæнгард, фæливæн хъуыддаг у. Фыдгæнды сæр!.. Р1æ кæрон та... Цы уыдзæн? (Фестъæлфы.) Ны фесхъиудтон? Цыфæнды уæд — æз æй Мæлæтæй дæр нæ ратдзынæн æндæрæн... Ныууадз уал мæ! оэми сысты, ацæуы, фæлæ йæм иуварсæй йæ цæст дароь.) САРА (Бацæуы Моысеймæ) Дæ хорзæхæй, зæгъ-ма: Цы ран æй ссардтай? Раст цыма фынтæ сты... МОИСЕИ Уыдтæн раввинмæ: дардта мæ æхца
Æмæ мæ бирæ бафæстиат кодта Æвæндонæй; уыдис мæйдар æхсæв, Фыдгæнджытæй кæм тарстæн, уым мæ чыссæ Нывæрдтон цырыхъхъы æмæ цæуып Нæхимæ; мæйрухс хъæды сæрмæ ссыгъдис, Æмæ сылæг мигъ хæхты астæу бадт; Цæуын, æввахс уыдтæн нæхимæ, афтæ Цæйдæр къæрццытæ тар хъæдæй цæуы! Мæ уд мæ мидæг нал уыдис, æваст ма Ныллæг къутæртæм баппæрстон мæхи; Зыр-зыр кæнын,— мæ разы быдыр лæгъз, Цæхæртæ калы мæйрухсмæ,— лæууынц дзы Æхсæз лæджы æмæ ныхас кæнынц: «Уый а фæндагыл рацæудзæнис ахсæв... Куыд фервæздзæн нæ хъаматы цæфтæй? Бæргæ нæ фæнды мæн бынтон йæ марын, Сæрæнгуырд у, æмæ бынтон мæгуыр! Фæлæ гæнæн нæй, сауджын загъта махæн, Цæмæй йæ ахсæв барвитæм мæрдтæм!..» Сæ ныхæстæ куы фесты, уæд æваст Фæцыд хъæрахст æмæ кæрдты цъыччытæ; Фæхæцыд семæ бирæ, стæй æрхауд, Æмæ фæпнæрдæм алыгъдысты уыдон, Цыма нæ мард тæссагдæр уыд!.. Сæ хъæр Куы басабыр, Уæд, цон-ма, зæгъын, фенон, Уый цавæр сæфт æнамонд уыд! Хуыцау! Мæ хæрзгæнæг! Мæ ирвæзынгæнæг! Цы базонын хъуыд мæйрухсмæ йæ цæсгом!.. Йæ цæф уыд рог, фæлæ мæ уый уæддæр Нæ базыдта; фæкастæн æм, куы рабадт, Уæд æй æз ме ’ккоп рахастон... Дзырдта Цыдæр сæнттæ, фæлæ йын ницы ’мбæрстон... Иæ туг мыл уад... Гъе, афтæ ’рхастон ацы Æнамонды! Хуыцауы фæнд у уый!.. САРА Æцæг дæр у уый дпссаг, Моисей! НОЭМИ (æрбадти та Фернандойы дæлфæдтæм) Цæй, куыд? Дæ цæф ма афтæ тыхджын риссы? ФЕРНАНДО Æрн-ма мæм дæ къух. Уæларвон зæд, Куыд мыл тыхсы... МОИСЕИ (Сарайæн) Цу, арæвдз кæн æрхуыссæн, 79
Мæхæдæг дæр фæцæуын тагъд. САРА Йæ ном Цы хуины, чи V? МОИСЕЙ Иу хъуыддаг дæ курын: Куыд у дæ ном, йе — чи дæ? ФЕРНАНДО Æз мæ цард Дæ царды тыххæй тасы ран куы ’вæрдтон, Уæд фарстон: чи дæ, цавæр у дæ ном? Мæ ном — Фернандо. Мауал мæ фæрс дарддæр. Цы ма дзы ис, хуысдзæн мæ риуы уый, Куыд хуыссынц мæрдтæ сау сыджыты, афтæ. Мæ фыдæлты кой не скæндзынæн æз, Мæ мады дæр, мæ фыды дæр нæ зонын!.. Æгъгъæд, дыккаг фарст мауал бакæн мæн Мæ фыдæлтæй: нæ мын ратдзынæ уымæй Нæ—мад, нæ — фыд. НОЭМИ Æз дын уыдзынæн хо. ФЕРНАНДО Мæнæн ды хо нæ уыдзынæ. НОЭМИ Цæуылнæ? Дæ сагъæстæ кæмæн фæкæнай, уый Цæмæн сурыс дæ зæрдæйæ, ау, аххос Нæ динты хицæндзинад у, æви Уираг кæй дæн, уый ме ’намонд у царды? ФЕРНАНДО Нæ, уыцы хъуыды ма зæгъæд хуыцау! Ды дидинæг дæ, бархийы хъæбул дæ: Зæрдæйæ уарзыс;. махмæ адæм та Кæрæдзимæ хæрам дарынц зæрдæйæ — Испанийы!.. Дзæнæт æмæ зындон Тæрæзтыл барынц; дунейыл сæм амонд Æхцайæ у; мæнгард æмæ фыдмимæ Уым адæм зинтæй арæхсынц хуыздæр!.. Уым фыд кæны йæ буц чызджытæй базар, Ус уæй кæны йæ мойы, стæй — йæхи, Король сæудæджер адæмæй фæкæны, Иæ адæм та сæрибар кæнынц уæй; Уым хицауæн, кæнæ егъау æлдарæн Цæмæй йæ зæрдæ балхæнай — хъæуы
Хæрз чысыл ми: æнаххос уды ссар Æмæ йæ басудз арты, науæд — аргæвд, Æххормагæй йæ фæскъæсæр ныууадз,— Мæгуыр кæй уыд, йæ хъуырыл дзуар кæй нæ уыд, Иæ бартæ хъахъхъæнынхъом кæй нæу, уымæн,— Гъеуый сæм у хæрзæгъдауыл нымад! Цæйнæфæлтау ды уыдон æгъдау райсай, Нæ, ахæм фæнд мын ма зæгъæд хуыцау; Фæлæ ис се ’хсæн иу цæринаг, ис дзы Дæлимонты ’хсæн иу зæд, æмæ уый Мæ дуне у... Фæлæ нæ дзурын ууыл... * НОЭМИ Æгæр тыхсыс, тыхджын дын кæны уый Дæ маст, æмæ дæ тугхъæдгæмттæ риссынц. Дæ зæрдæ ницы агуры?.. Ныххуысс... Мæ фыд дын ацыд уат кæнынмæ. Ардæм Куы раздæха, уæд ахсæв-бонмæ æз Фæбаддзынæн дæ цуры; дæу цы хъæуы — Уыдзæн æппæт, æрмæст нæм ма тыхс ды, Кæннод дæ туг дæ хъæдгæмттæй цæудзæни. ФЕРНАНДО (фæрсмæ) Эмили, дард дæ; о, тæхуды, ацы Дзæбæх уираг чызджы бæсты мын ам Куы фестис ды!.. Уæд бандидзиккой уайтагъд Мæ хъæдгæмттæ — æрмæст ма уаид иу, Мæ зæрдæйæн æхсызгон чи уа, ахæм!.. Эмили! Мæ зæд! Чи зоны, мæрдтæм Ам бацæуон, ды мæм уыдзынæ дард Æмæ мын никуы фендзынæ мæ ингæн; Мæ ном дæр ма дæуæй фæуыдзæн рох... Æнусон рох!.. МОИСЕИ Ныххуысс. Дæ хуыссæн конд у... Эй, Сара! Марадз, сисæм æй, фæкæс. (Дыууæ уираг усы, æххуырст, Сара æмæ Моисвй слæууын кæнынц Фернандойы æмæ йæ акæнынц. Ноэми баззайы иунæгæй.) НОЗМИ Тæригъæд æм мæ зæрдæйы фæзынд; Уæдæ мæ ай фæндыди фенын! Диссаг: Цæмæн мæ фæндыд, не ’мбарын уый æз!.. Нæ, нæ, мæ фыды фервæзынгæнæгæй Нæ фæндыди йæ фенын мæн, бæргæ; Æвзонг испайнаг, раст гæдыбæласау, 6 М. Ю. Лермонтов 81
Гуырвидауц, сау цæхæр цæстытæ, сау Къæбæлдзыг сæр,— мæ хъуыдыты æрцарди, Мæ чызгон уд мын бакодта йæхи, Æмæ мæ бон мæхиуыл хæцын нал у. Мæ фыд мын раст нынныв кодта йæ хуыз. (Аджих вæййы.) О, адæмæй куыд фæхъазы хъысмæт! Цæмæп зыдтон, мæ фыды мын мæлæтæй Чи бахызта хæрз æрæджы, уый а ’зæр Нæхимæ, ам, æназымæй мæцдзæн йæ туджы æмæ хъизæмар кæндзæнис? Цыма йæ уарзын, уарзын æй цыма, Тæрпгъæд ын нæ кæнын, фæлæ — уарзын! Куыд æхсызгон у ацы дзырд фыццаг хатт!.. Куы фæдзуры, мæ зæрдæ сризы уæд, Æмæ фæтæрсын: псты йыл куы ’рцæуа; Мæхæдæг ын куы сцæйдзурын йæ ном, Мæ хъуыдыты куы фæзæгъын: Фернандо! Уæд уайтагъддæр фæсырх вæййын, цыма Тæрсын æмæ кæнын мæхицæй ’фсæрмы!.. Цы ’фсæрмы кæнын, диссаг мæм кæсы, Йæ уарзынæп? Ау, алчидæр куы уарзы, Цы ис æвзæрæй уым; æцæг зæгъын: Нæй уарзыны æвзæрæп мурдæр ницы; Уæдæ ма ныр цы ныфсæрмы вæпнын, Цæуылнæ уадзып зæрдæйы йæхи бар? Æфсарммæ уæд цыхуызы хъусон æз? Куыд нæ уарзон? Æнæуарзт цард æнкъард у, Хъуыды дæр уарзтыл не ’мбæлы! — Хуыцау! Дæ уазæг фод! Нæ дыууæ дæр — дæ уазæг; Ныббар мын уарзт! Æнæуарзт нæу мæ бон!.. (Сагъæсты аныгъуылд.) ÆРТЫККАГ МИ СценæI Алварецы хæдзары. Донна Мария- йы хуыссæнуат. Стыр айдæн, стъол æмæ бандæттæ. Алварец бады къæ- лæтджыны. Мари айдæны раз йæ сæ- рыл кæны цыдæр худ. АЛВАРЕЦ Эмилн та «уæ райсом хорз» зæгъынмæ Цæуылнæ ’рбацыд? Кæд кæугæ кæны
Йæ уарзоныл, кæнæ фæндырæй тыргъы Иæ сæнттæ мысы? Чызджытæ цы сты! Мæт сыл кæныс, пайда та сæ нæй мурдæр! ДОННА МАРИ (раздæхы йæм) Куыд дæм кæсы, мæ зæрдæдарæн мой, Нæ мыл фидауынц ацы хъуырфæрдгуытæ? Мæхи мын афтæмæй æвдисæн нс? Рæсугъд зынынц?! АЛВАРЕЦ Дæуыл æппæтдæр хорз у. Ныртæккæ ды куы равдисис дæхи Мæ разы цауддæр дарæсы, уæддæр дæ, Хæрын дын æз мæ фыды цирхъæй ард, Æз уарзин дæу нæ фыццаг судзгæ уарзтæй, /Æмæ мын уаис раздæрау рæсугъд. ДОННА МАРИ Æцæг? Ах, ме скаст!.. (Фæрсмæ.) Афтæ ’нхъæлы уый, Мæхи рæсугъд æз уый тыххæй фæлындып, Цæмæй æхсызгон уымæн уа æрмæст. Сæрхъæндæр ма цы уа уæдæ нæ лæгтæй? Цæмæн нæ афтæ бирæ домынц ныр? Ау, ус æрмæст йæ лæгæн хъуамæ кала Рæсугъд тæмæнтæ? АЛВАРЕЦ О, усай, æз дын Нæма дзырдтон мае сусæг фæпдон? ДОННА МАРИ Цавæр? АЛВАРЕЦ Æрбайхъус-ма: дæттын мæ чызджы моймæ. Тæрсык: миййаг, Фернандойы фæдыл Куы алидза. Ис курæг: зондджын, бонджын... ДОННА МАРИ Ах, м ’ахсджиаг, æгæр нæ кæныс тагъд? Нæ, багъæц уал, нырма бынтон æвзонг у. АЛВАРЕЦ Нæ, ахæм усгур тынг зын арæн у. Хъæбатыр, кадджын, уарзонзæрдæ, бонджып... ДОННА МАРИ Æмæ йæхи дæр ус курын фæнды? АЛВАРЕЦ Æз дын йæ фыстæг равдисдзынæн; мæнæ Ам, асыччы, уыдис æвæрд. Циу ай? (Стъолы лагъз бакæнынмæ хъавы. Мари тыхсы.)
Æхгæд куы у, æри-ма мын йæ дæгъæл... ДОННА МАРИ Цы курыс? АЛВАРЕЦ Дæгъæл! ДОННА МАРИ Цы? АЛВАРЕЦ Йæ дæгъæл! ДОННА МАРИ Дæгъæл?.. О ме скæнæг! Æрбайсæфт мын кæмдæр! Фæстæдæр дын æй ссардзынæн... АЛВАРЕЦ Ома, Куыд фæстæдæр? Уæд а сахат цæуылнæ? ДОННА МАРИ (фæрсмæ) Куы йæ фена, уæд байсæфтæн! (Уымæн.) Цæй, хорз> Фæстæдæр дын æз сисдзынæн дæ фыстæг!.. Цы быцæу кæнæм ницæй тыххæй — худæг!.. АЛВАРЕЦ Мæ дæгъæл фесæфт! Эхх> хъыгаг хабар! ÆХХУЫРСТ (бацæуы) Бæх ифтыгъд у. Æнхъæлмæ кæсы тигъыл. АЛВАРЕЦ О, байрох мæ, цæуын кæй хъæуы, уый. Хæрзбон, хæрзбон, Мария, хорзæй баззай. (Апъа йын кæны æмæ ацæуы.) ДОННА МАРИ О ме скæнæг! Æрæнцади мæ уд... Æндæр бынаты бафснайын хъæуы Сорринийы лæвар æмæ йæ фыстæг. ронæй сисы дæгъæл, стъолы лагъз бакæны, сисы дзы лæвар.) Рæсугъд цæппузыр, фау хæссæн æм нæй!.. Иæ зынаргъ дуртæ стъалытау æрттивынц! Дæу тыххæй хъуамæ бауадзон хæссын Эмилийы... Сылваз зæронд, хъæздыг дæ, Лæвæрттæ бирæ уымæн кæныс ды; Фæлæ, цæй хорз, дæ фæндон фод, Соррини! Æгайтма нал уыдзæн Эмили ам. Уæвгæ йын уымæй тынг æвзæр нæ кæнын... Æрыгон чызг — зæронд лæг æй куы уарза — Æхсызгон ын уыдзæн, лæппуйы уарзт
Зæронд усæн куыд æхсызгон уа, афтæ: Сæ иу — фыдуазал, иннæ та — фыртæвд, Цы нæй сæ иумæ— иннæ йын æй ратты!.. Эмилийæ фæлмæцыдтæн уæддæр. Уый цалынмæ мæ цуры уа, уæдмæ мын Мæхимæ искæй хонæн нæй — тæрсын. Ныр мæ дзы бери ирвæзын кæны, Уый хорз у тынг, хуыздæр та уаид ноджы, Мæ мойы дæр куы ахæссиккой, уæд. (Уыны Сорринийы лæвар.) О, а рæсугъд лыстæг налмастæ бирæ Æрдзон хъæнтæ фæкæндзысты бынæй,— Тæмæнтæ калдзæн адæймаг сæ рухсм&! Æнæзонд чызг! Куыд разылди йæ сæр Цæйдæр æдылы уарзынæй! Æз ахæм Хæзнатыл уый куы не скæнин нывонд — Сæрхъæн нæ уаин? Ха-ха-ха! Мæ мой Йæ балцæй тагъд нæ раздæхдзæнис; ахсæв Æрбарвитдзæни скъæфджытæ Соррини, Æмæ сын хъуамæ ракæнон лæвар! Æгъдауæй моймæ ацыдæй Эмили Сорринимæ куы уа, уæд мын — хуыздæр: Кæлдзысты мæм налмастæ æмæ жемчуг; Æз ацæудзынæн горæтмæ; мæхи Куы равдисон — ныттар кæндзæн мæ фæлыст Хъæздыг æрыгон устыты; мæ размæ Сæдæ цæстытæ уыдонмæ кæсдзæн,— Куы бацæуон, уæд разилдзысты ме ’рдæм... Æмæ нæ зондзæн иунæг дæр, мæ хæзна Цæстысыгтæй кæй æрцыдис æлхæд!.. Фæлæ! — рæсугъд фæнд: ацæудзынæн æз Мæ тæригъæдтæ суадзынмæ Мадридмæ, Æмæ уыдзæн мæ цæсгом уæд сыгъдæг. (Цæппузыртæ æрæвæры стъолыл æмæ фæзилы. Эмили ба- цæуы фæлурсæй сау дарæсы, сау кæлмæрзæны, йæ риуыл дары дзуар.) Æнæниз дæ, мæ удæнцой Эмили? Куыд бафынæй дæ дысон, ме скаст? ЭМИЛИ Бузныг. Фæлтау мæ фæрс: цæмæн фæлыгъд мæ хуыссæг. Уæдæй фæстæмæ нал кæнын фынæй, Нæ хæдзарæй... 85
ДОННА МАРИ 0, зонын, зонын, ме зæд; Æмбарын дын дæ зæрдæннз, мæ уд Дæуæн æххуысæн раттин, ард хæрын... ЭМИЛИ (уæздаи уайдзæфæй) Уæд дын мæнæй дæ иунæг дзырд зынаргъдæр Нæ уыдаид. ДОННА МАРИ Ныббардзынæ мын уый. Нæ зыдтон æз, ды афтæ тынг.кæй уарзыс,— Куы дæ фæсайа, уымæй тарстæн æз. Фæлæ мæ рæдыд сраст кæндзынæн а ’зæр... ЭМИЛИ О, иу чидæр, дам, мæрдты кодта ’гас. ДОННА МАРИ Цæмæн фæлурс дæ афтæ тынг, дæ саутæ Цæй тыххæй скодтай? ЭМИЛИ Чидæр мын дзырдта, Сау дарæс, дам, æнкъарддзинад æвдисы. ДОННА МАРИ (йæ къухыл ын ныххæцы Маст ма кæн, хъуыддаг сараздзынæи æз. ЭМИЛИ Хуыцау цы айса, адæм уый фæстæмæ Нæ ратдзысты. Цы айсой адæм, уый та Фæстæмæ ратдзæн сау ингæн æрмæст. ДОННА МАРЙ Фернандойæ сæ фехъуыстаис уыдон! Зæрдæргъæвд дæ! Фæлæ æрсабыр у, (Эмили дзы йæхи ыуварс айсы.) Дæ зæрдæмæ кæй айстай афтæ ды, Уый у дæу аккаг. Нал кæндзынæ сагъæс. Хæрын дын ард, дæ дурзæрдæ фыд мæм Кæй байхъусдзæн æмæ разы кæй уыдзæн Уæ баиуыл; æмæ та калдзæн ног Дæ уадултыл сырх пиллæттæ хæрзамонд; Æгъгъæд ку, цæй, фыдбон нæ хæссы бирæ, Хур ракæсдзæн, æргъæвст дидинæг та Ног сыстдзæнис, йæхи та хурмæ тавдзæн. ЭМИЛИ Æнамонд удыл макуы худ, миййаг, Дæуыл дæр скæндзæн ахæм бон. ДОННА МАРИ Хуыцау мæ
Дæуыл худьшæй бахизæд; æз ныр Дæуæн æрмæстдæр уый зæгъын, Фернандо Рæхджы бонты кæй уыдзæни дæ мой; О, баууæнд] мыл: фæцархайдтон æз бирæ, Цæмæй, дæ< саби-зæрдæйæ æдзух Цы амондмæ бæллыдтæ, уый дæу бауа. (Эмили ныттыхсы Марийы къæхтыл æмæ дзыиазы.) ЭМИЛИ Æз амондмæ нæ тырнын, амонд нæй, Нæ дуне сафтид ис, Фернандо нал ис, Уый амард,» бабын, царæфтыд фæцис. О, ниут мыл, æгас адæмтæ, дзыллæ, Дзыназут мыл, уæ цæссыгтæ уæддæр Мæнуæтты бæрц нæ разындзысты никæд! Мæ ниуынæй фæрчытæ хауы зæхх, Мæ дуне нал ис, царæбтыд мын бацис. ДОННА МАРИ Цæй, рабад-’ма! Сæнттæ цæгъдыс, æви? Уæлæмæ! ’ ЭМИЛИ (йæ зонгуытыл, хæрдмæ кæсгæйæ) Клфын: баххæст кæ мæ фæндон. ДОН)КА МАРИ Хорз, хорз, мæ уд, æрмæст уæлæмæ сыст, Æрсабыр у,! æгæр тыхсы дæ зæрдæ. ЭМИЛИ (сысты) Уæдæ мæм хъус, цы курын æз дæуæй. (Р1æ къухæн ын пъа кæны.) Фæстаг æхсæв куы хицæн кодтам, уæд Куырдта мæнæй, цæугæ. дам, беридонмæ, Мыггагмæ, дам, уым моладзанæй цæр,— Дæ зæрдæйы хæрзиуджытæ дзы бамбæхс. Æз, сидзæр уд, лæгъстæ кæнын дæуæн Мæ хъуыры цъарæй, ма мæ бахъыгдар: Мæнæн цæугæ у беридонмæ ахсæв, Цæй, ауадз мæ, фæдзæхсын дыл мæхи, Дæ хæрзиуæг хуыцауæй рох нæ уыдзæн. (Лæгъстæгæнæджы каст кæны Маримæ.) Фернандо амард — сæххæст ын кæнон йæ фæдзæхст хъуамæ, уый мæ бирæ уарзта! (Фегуыппæг сты.) ДОННА МАРИ Æмæ кæд уый æгас у, æмæ кæд Гæды ныхæстыл баууæндыдтæ? Искуы Дæу агурын куы байдайа, цæмæй 87
йæхиуыл демæ саргъауа,— æваст дыл Куы фена саутæ моладзанты хсæн,— Цы зæгъдзæн уæд? Тæригъæд ын нæ кæныс? Кæй нæ бабыхстай, уый тыххæй фæсмон Нæ кæндзынæ дæ сæфт амондыл? Уæууа, Цæй лæмæгъ дæ? Дæ уды ’хсар кæм и?.. ЭМИЛИ I Мæ уды ’хсар? (Фæрсмæ.) Куы ма уыди сæрæг&с, Уæд æз быхстон! ДОННА МАРИ Цæй, де ’дылы фæнд аппар Дæ хъуыдытæй. Хæрын дын ард: бынтон Мæнг ныхæстæй дæ афæлывтой, баууæнд, Цы дзурын æз, уый хорз зонын. ЭМИЛИ (уайдзæфау) \ Дæ бон | Нæ бауыдзæн йæ райгас кæнын. Ахæм Дæсныдзинад дæм нæй! Æз ;дæ куырдтон Чысыл цыдæр — нæ баххæст кодтай уый дæр. (Хъавы ацæуынмæ, фæлæ йæ Мари фæуромы.) ДОННА МАРИ Уæдæ мæм хъус: уыдтæн æз парчы знон Æмæ изæрæй рацу-бацу кодтон; Æваст, кæсын, æрбацæуы мæм лæг: Кæдæй нырмæ мæ фæдыл касти дардæн. Уый уыд Фернандо, уым æрхауд мæ разы, Куыдта, лæгъстæ мын кодта æмæ йын Тынг бантысти: бæлвырд ныхас ын радтон, Цæмæй уын у’ амонд саразон. Дæ фыд Нæ уыдзæн ам дыууæ боны—уæдмæ уал Æмбæлдзыстут — куы раздæха, уæд та Уæ зонгуытыл æрхаут ам, йæ разы, Æмæ уæ фарнæн кувдзынæн æз дæр. ЭМИЛИ О, уый æгæр у! Не ’ууæндын æз ууыл... ДОННА МАРЙ Хæрын дын ард, æгас у... Æмæ йæ Тагъд фендзынæ... Цы кодтай? ЭМИЛИ Оу, мæ зæрдæ! Хуыцау! Сæр зилы... Уый æнхъæл ма чи уыд? (Æрлæмæгъ, йæхи æруадзы бандоныл.) ДОННА МАРИ Сывæллон дæ? Уый циу? Дæхиуыл хæц!.. (Фæрсмæ.)
Æз басайдзынæн ахсæв хызмæ маргъы,— Цыма йæ сусæг фембæлдмæ кæнын; Уым афонмæ кæсынц æнхъæлмæ къордæй; Æваст — лæбурд, æмæ — фæцыдæр чызг. Мæ ’Зондмæ кув, Соррини, уый дæсны у! ЭМИЛЙ (рабады) Цæй, ницы мын у. Бахатыр кæн. Æз Фæрыстæн тынг, æркъæдз мæ кодта амонд Æнæхъæнæй... Æгас у! О хуыцау! Ныббар мын уайдзæф. Охх, куыд рогуырнаг дæн;, Мæ фæсдзæуин мын загъта, æмæ йын Иæ мæнг ныхæстыл баууæндыдтæн уайтагъд! Кæд цинæй маст æнцондæр уырнæн у, Уæд адæммæ æцæг у маст æмхицдæр. Цæй, стыр бузныг. Æз бафхæрдтон дæу уæгьды Мæ уайдзæфтæй... Хатыр мын æй кæныс? Æз афтæ тынг фæмаст кодтон! Зæгъ-ма мын: Кæм фендзынæн мæ хуры? ДОННА МАРИ Азæр ды Мæ фæдыл рацу назджыны рæбынмæ; Уым лæгъзы иу зæронд тулдзы бын ис Кæрдæгхæст бандон. Фендзынæ йыл де скаст Фернандойы. Цæй, амондджын нæ дæ Æмæ ныфсджын? Дæхи цæй фæдыл хордтай Мæнг хъуыдытæй? Нæ сыгъдæг зæдтæ сты Æназым уарзтæн хъахъхъæнæг сæхæдæг. Эхх, сонт ма дæ! Дæ судзгæ маст æрцыд Æмæ дæ цæрæн моладзандон нал у! Æвзонг кæй дæ, æфсæрмиаг нæу уый: Æвзонгдзинад иттæг зынаргъ хæзна у, Фæлæ нæ хæссы бирæ азты уый!.. ЭМИЛИ Æцæг æй уæдæ фендзынæн? Æгас у?!. ДОННА МАРИ Куы йæ фенай, уæд бауырндзæн дæхи. (Эмили бакæсы Маримæ уарзои цæстæй, фæнды йæ цыдæр зæгъын, фæлæ фыртыхстæй йæ бон нæу дзурын. Йæ фыдыусы къухæн апъа кæны, йæ цæсгом бамбæхсы æмæ алидзы.) Цæугæ, цæугæ! Æмæ-иу кæс æнхъæлмæ Уæ фембæлдмæ, мæлыныл ма кæн мæт... Цæугæ! — рæхджы дæ сдзæбæх кæндзæн зæронд Дæ судзаг уарзондзинады сæнттæй. Кæугæ, тæрсгæ, æнхъырдтæ ’мæ æнцъылдтæ 89
Кæндзынæ ды, стæй алидздзæн дæ тарст Дæ дзаджджын цардæй æмæ — ферох сагъæс! 0 ме скæнæг! Цы фæнд ын кæнын, уый Æцæгдæр ахæм чъизи у, æмæ йыл Мæ зæрдæ худы? Уæд цæмæй у ’взæр? Соррини йын хуыздæр уыдзæни махæй; Зæронд лæг дзы куы сфæлмæца, уæд æй Лæвæрттимæ дзыхъхъынног моймæ ратдзæн; Ие, чи зоны, уа афтæ дæр, æмæ А мæгуыр чызг Фернандомæ æрхауа... Куыдфæнды уа — æз фервæздзынæн уый Æппæтуынаг цæстытæй, уæд æдæрсгæ Мæ уарзон ардæм арæхдæр цæудзæн... Гъе, афтæ къухы къух æхсы: Соррини /Лæнæй у бузныг, æз та — бузныг уымæй. (Ацæуы.) Сценæ II Моисейы цæрæнуаты раз, хæхты. Æдзæрæг бæстæ. Рахизырдыгæй тул- цзы бын даргъ бандон, йæ фарсмæ урс цатыр æмæ дзы уираджы фæс- цзæуинтæ кусынц. Зарынц æнкъард зарæг. ФЕРНАНДО (сабыргай бацæуы) Сызгъæрин циу? Цы мын у, кæд мын амонд Нæ ратдзæн, уæд? — Хуымæтæджы ызгъæр! Ау, адæмæн сæ фылдæрмæ цы бар нæй, Æхцайæн ахæм бар радта хуыцау? (Хъуысы та зарын.) Цы ’нкъард хъæлæс у! Ацы адæм зарынц Сæ фыдыбæстыл алкæд дæр, æз та Мæхи бæстыл дæр ницы федтон хорзæй, Цæмæй у адджын, уый нæ зонын æз. Зæххыл мын ничи, ницы ис, хъæугæ та Мæн кодта бирæ, о, фæлæ цæмæн? .Цæмæй уæлдай сæрниз кæнон мæхицæн? Цæмæй та афтид сæнттæн цæрон? Нæ! Нырмæ цы сдæн, æз баззайдзынæн уымæй; Уадз, уон æнæхай амондæй, цæрон
Фыдхъизæмæртты,— иннæты хуызæн Æз ма уон хъуамæ; æз зынтыл фæлтæрд дæн, Мæ раны никæй бафæнддзæн цæрын, Мæ фарсмæ ничи ’рбалæудзæн— хуыздæр у, Цæмæн кæна йæ удæн исчи зын, Цы пайда у? (Бацæуы Ноэми.) Дæ фыд кæм и, чызг? ноэми Ацыд Йæ хъуыддæгтæм... Цæмæн дæ хъуыд мæ фыд?1 ФЕРНАНДО Зæгъон ын бузныг... Фервæзын мæ кодта... Æз уый фæрцы фыццаджы хуызæн ныр Æнæниз дæн... НОЭМИ (тагъдгомау) Æнæниз дæ? Æцæг?.. ФЕРНАНДО Æцæг, æнæниз, бирæ низтæй арæх Цы лæг фæсæйы, уый йæ рагон низ Куыд нал нымайа, афтæ дæн æнæниз. (Æрбады, Ноэми дæр — йæ Фарсмæ.) НОЭМИ Ды хъуамæ махмæ баззайай нырма! Дæ хъæдгæмттæ бынтон дзæбæх нæма сты. Æви дын кæд æвзæр у махмæ ам?.. Нæ, баззай уал. Дæхæдæг мын куы загътап, Зæгъгæ, дын нæн æрæнцайæн, хæдзар... Ды хъуамæ махмæ баззайай, испайнаг!.. ФЕРНАНДО Нæ, æз æгæр тыхсын кæнын сымах Уæ хæлц æмæ уæ лæггадæй — нæ хъæуы. НОЭМИ Дæ хæрзиуæг дын фидæм мах æрмæст, Цæмæн тыхсыс? Мæ фыды мын мæлæтæй Куы бахызтай, уæд мын дзырдта, дæуæн Кæй у уæздан æмæ хæлар дæ зæрдæ. ФЕРНАНДО Уыдтæн æз иу хатт тынг æнæуæздан! Æмæ тæрсын, дыккаг хатт куы уон ахæм; Æниу, мæ бон нæу баззайын, нæ, нæ! Мæ фадат нæу... Цæугæ у, мæн нæ фæнды! НОЭМИ (фæрсмæ, сыстгæйæ) Уæдæ нын хнцæнгæнгæ у; уæдæ 9Г
Мæ уарзондзинад... 0 хуыцау, ныббар мын! (Уымæн.) Æрбайхъус-ма: дæ цæфтæм дын зылдтæн, Мæ къух дæ тугæй сахуырсти, дæ уæлхъус Æхсæвыгæтты бадтæн æз, мæ бон Цы уыдис, уымæй кодтон рог дæ низтæ; Цагъарау дын уырдыг лæудзынæн æз, Цæмæй сыбыртт дæр ма цæуа дæ хъустæм... Æрбайхъус-ма, мæ лæггæдты сæрмæ Дæуæй æрмæстдæр иунæг хорзæх курын... Хæрз æнцон у йæ бакæнын дæуæн; Уæдæ мын ракæн уыцы иунæг хорзæх! Æрмæстдæр ма нæм иу къуыри ныллæуу... ФЕРНАНДО Æрра мæ ма кæн хинæйдзаг ныхæстæй; Куы загътон æз, цæуын мæ хъæуы мæн. (Æваст. Цæмæн, зæгъыс? (Æвдисы йæм Эмилийы къам.) О! Гъа, æркæс æм, мæнæ!.. оэми къаммæ бакæсы, стæй йæ цæсгом сæхгæны.) Чызг афтæ у! Йæхн хуызæн рæсугъд Кæй цæсгом уа, уый фенын æй нæ фæнды. (Аджих вæййы.) Фæлæ, цæй, фод! Цæуын æм, хъуамæ фенон Эмилийы, цыфæнды уа, уæддæр! (Ноэмийæн.) Кæм ис дæ фыд? (Ауыны, Ноэми кæуы, уый.) Кæугæ кæныс? Цæмæн? НОЭМИ Мæ хъуыдыйы дæр нæй мæнæн кæуын. ФЕРНАНДО Уæдæ æнæрхъуыдыйæ куыдтай? Диссаг! Цæуыл кæуыс? Кæд аххосджын æз дæн? Уæд дын, нырмæ кæй нæ фæкуыдтон, уыцы Цæстысыгтæй дæ хæс бафидон æз. Æрыгонæн цæссыгтæ ’мбæхсгæ не сты! Цæуыл кæуыс? НОЭМИ Хæрзиунæгæй мын «нæ» Кæй загътай, ууыл: уды ’нцойдзинадыл... ФЕРНАНДО Æгæр æвзонгæй фесæфтис уæдæ Дæ удæнцой! НОЭМИ (фæрсмæ) Зæгъон ын, аххос уый
Кæй у, зæгъон ын, бирæ йæ кæй уарзын, Æмæ йæ риуыл атыхсон æваст; Хæлар зæрдæ йын ис, нæ мæ ныууадздзæн... Куыд æрра дæн! Фернандойы зæрдæ Æндæрмæ ’хсайы... Ау, уæд ма цы домын? Фæлæ, нæ, нæ! Мæхуызæн тынг æй уый Нæ уарздзæни; йæ хъæдгæмттæй йын тугтæ Нæ сæрфта уый, æхсæвыгæтты йын Тæрсгæ-ризгæ йæ дæлфæдтæм нæ бадти, Нæ йын хъахъхъæдта уый йæ фæлмæн фын Мæрдфынæйæ! Нæ, нæ, нæ уыдзæн уый, Мæ хуызæн æй нæ уарздзæни уый никуы! (Бацæуы Моисей. Ноэми йæ ауыны, рацæуы йæ размæ æмæ йын ахъæбыс кæны.) МОИСЕЙ (æнкъардæй) Цæй, куыд, мæ чызг? Æвирхъау хабар... Ахсæв... ФЕРНАНДО (бацæуы сæм) Цæй, Моисей! Дæ балæггадæй — бузныг. (Йæ къух æм бадары, Моисей йæ нæ исы.) Æри дæ къух, æлгъ дыл кæнын, уый ма зæгъ, Сæрхъæн мæ ма ’нхъæл; адæймаг дæ ды, Мæ хæрзгæнæг. Цæй, бузныг... Æз цæуын!.. МОИСЕИ Куыд? Афтæ тагъд? ФЕРНАНДО Нæ, ма мæ уром, дзуттаг! Æрмæстдæр иу хæрзиуæг курын æз: Æри мын фондз туманы хæсыл; зонын, Уирæгтæ ’хца кæй уарзынц бирæ, стæй сыл Чырыстæттæм кæй не ’ууæндынц. Æмæ Уый раст кæнынц. Фæлæ ды мæн куы зоныс! Фæлтау фыдгæнды бацæудзынæн æз, Уæддæр дын де хæс бафиддзынæн. Ратт мын... МОИСЕИ Кæдæм цæуыс? Æмæ цæмæн? ФЕРНАНДО Æввахс Цæры ам дон Алварец; уый дыргъдоны Дæуыл кæддæр æз фембæлдтæн. Цæуын Ныр уымæ, кæд мæ бауадзид йæхимæ: Мæ сонты бонтæй уымæ схъомыл дæн. Нæ, ам мын нал ис баззайæн... Цæмæн — Ис уымæн аххос. Ард хæрын, дæ хæс дын Кæй бафиддзынæн тагъд. Дæхæдæг зоныс, 93
Æхца лæджы кæй бахъæуы, цæмæй Иæ хъуыддаг рæвдздæр ацæуа. Мийиагг мæч Йæ хæдзармæ куы нæ бауадза, уæд... МОИСЕИ (дисгæнæгау) Дон Алварец, дон Алварец! О зæдтæ! Цæй мæгуыр у, уæ судзгæ маст кæуыл Ныккалут, уый! Мæнæн чызг ис мæхицæн... Иæ маст ын хорз æмбарын æз .. Тæссаг, Æвирхъау ми... Тæригъæд уыд... ФЕРНАНДО Цы ’рцыдис? МОИСЕИ Æнамонд хабар... Ах! Фыдгæнджытæ! Æнаккæгтæ! Зындоны хай æрбауой! Дæсныфæрсæг мын радзырдта, цыма... ФЕРНАНДО (тынЬ тыхстæй) 0 сау халон! МОИСЕИ Зындоны хай æрбауæнт!.. О, ахæм зæды... Хъус-ма, хъус: дæуæн Дæ сæрыхъуын арц сыстдзæн, æмæ дуртæ Дæ цæстытæй цæссыгты бæсты хаудзæн... Гъе, афтæ стут, испайнæгтæ, сымах!.. Гъе, ахæм у уæ сыгъдæг инквизици! Ныр-иу уирæгтæй мауал кæнут хъазт... ФЕРНАНДО О сау сынт! Цæй, цы хабар у? Зæгъ тагъддæр! Хæрын дын ард уæлæрвтæй, ард хæрын Дæ закъонтæй, франкау дæ къабазгай Ныккæндзынæн... (Дзуттаг ныджджих вæййы, Фернандо йын ацахсы йæ цонг æмæ дзуры ризгæ хъæлæсæй.) Уыныс, æрра кæнын! 0 адæймаг! Цы хабар у, зæгъ-ма йæ! НОЭМИ Куыд ризы, куы! Дада, зæгъ-ма йæ, цæй... Нæ йæ уыныс: кæс-ма. бынтон ныффæлурс!.. МОИСЕИ Дон Алварецæн чызг уыдис!.. ФЕРНАНДО Уыднс!.. (Аджих вæййынц.) Æз фидар дæн! Дæ хабар дзургæ, ма тæрс; Цы хъуыддаг ис мæн уыцы чызгимæ? Стæй 94
Зæххыл чызджытæ —бирæ! Ха-ха! Дзургæ, Æз фидар дæн! МОИСЕИ Мæ зонгæ дзуттаг мын Дзырдта фыдуац... Уый фыдгæнджыты митæ Фæзоны хорз... Ис иу доминикайнаг, Иæ ном Соррини, езуит... 0, уый Зæронд у ныр, фæлæ нырма сылуарзаг... Фыдгæнæг лæгтæ баххуырста, цæмæй Алварецы чызг аскъæфой, хъæддæгтæ! — Æмæ йæ ахсæв ахастой, мæгуыр... Куыд сын бантысти — иу хуыцау йæ дæсны! Йæ фыд дæр, дам, нæ уыд сæхимæ. Сæфдзæн Æнамонд чызг... Тæригъæд у, мæгуыр. Мæ удыл дæр нæ бацауæрдин, уый ма Куы фервæзид... Фæлæ йын нал ис хос! (Фернандо цыдæр зæгъинаг уыд, стæй ауигъы йæ къух, æваст ныууынæргъы æмæ тагъд-тагъд ацæуы хæхгы ’рдæм.) МОИСЕИ (джихæй) Кæдæм, кæдæм!.. Æрлæуу! Хæцут ыл, марадз! Иæ зонд фæцыд! НОЭМИ (йæ фæдыл кæсы) Кæс-ма, фæзылд ’æваст Бæрзонд хохмæ... Фæхæрд кодта, æрлæууыд... Сæрсæфæн рындзыл... Хауы... Фæлæ нæ! Æрыздæхы... (Йæ фыдмæ йæхи баппары, атыхсыйыл.) Цæмæн, цæмæн ын загътай Æвзæр хабар? МОИСЕИ Мæ чызг! Хуыцауы барвæнд Нæ бон нæу ивын. Чи сфæлдыста мах, Уый алцы дæр йæхи фæндæй фæкæны. НОЭМИ Кæд алцы дæр йæхи фæндæй кæны, Цæмæн ма радта махæн уæд зæрдæтæ. Куы йæ зыдта, нæ хъизæмæрттæн нæй Дзæбæхгæнæн, кæй ис фæсайæн уарзтæн. Уæд нæ куыд уадзы удхар кæнын уый, Уæд нæ цæмæн, цæй тыххæй уадзы уарзын? Нæ хуыцау иæ куыд ферох кодта уæд? (Ацæуы. Фернандо баздæхы.) ФЕРНАНДО Ды афтæ ’нхъæлдтай, скæудзынæн, зæронд! Дæу уый фæндыд, фæлæ чызгæн тæригъæд 95
Сыгтæй мæ рустыл не ’рцæудзæн. Лæгсырд! Мæ маст æз афтæ райсдзынæн... æгас зæхх... Æз бакæндзынæн ахæм ми... нæ зонын, Цы ми уыдзæн, фæлæ ныккæрздзæн дуне Мæ фыдгæндæй... Ау, афтæ ’нхъæлдтай ды, Кæудзынæн æз? Нæ, ард хæрын мæ удæн: Фæлтау мæ зæрдæ аскъуийæд, уæддæр Нæ кæуын æз... МОИСЕИ (йæ къух ын райсы) Æрсабыр у. Зæгъ-ма мын... Дæ масты сæр... хуымæтæджы маст нæу._ ФЕРНАНДО Зæронд, зæронд! Ды сабыр цард фæкодтан, Нæ зыдтай монцтæ ды, фæлæ мæнæн Цæдджинагау пæлхъ-пæлхъ кодтой мæ риуы. Æлгъыст фæуæд, цы лæг мын радта цард! О стыр хуыцау, нæ дæ ды раст, цæй тыххæГг Кæныс мæн хурх, цæй тыххæй сафыс зæдьт?.. Куыд амардзынæн саузæрдæ сырды? Зындонæй йын цы хъизæмар фыддæр у?.. Фæбарстон æз, æгъгъæд у барын ныр! Быхстон хъысмæтæн — уымæн дæр æгъгъæд у! Мæнæн уыдаид амонд, ныр фæцис,. Фæцис, мæнæн ныр нал уыдзæнис амонд! Нырæй фæстæмæ мастисæг дæн æз, Æмцæдис нал дæн арв æмæ зæххимæ... Зæронд, æхца! Æз бабырсдзынæн сырдæн йæ лæгæтмæ. МОИСЕИ (дæтты йын æхца) Гъа, айс. ФЕРНАНДО Мæн у Эмили! Сыгъдæг у, æви нал, уæддæр мæн- у; Æгас у, æви мард, уæддæр мæхи у!.. О, райсдзынæн æгъатырæй мæ маст... Хæрзбон, нæ фыд... Мæхи фыды нæ зонын. (Иæ уæрджытыл ын атыхсы.) Маст райс — уый хорз у! Зæгъ фæндараст,, Фæцæуын æз мæлæтмæ. Цæй, нæ фыд... (Ацæуы.) МОИСЕЙ (кувы) Хуыцау, уираг дæм кувы, æмæ байхъус,, Фыдгæнæгæй йæ бахъахъхъæн, хуыцау! Хæххон тымыгъ куыд басабыр кæныс,.
Йæ хъыг, йæ маст ын басабыр кæн афтæ; Быхсындзинад, зæрдæйы ныфс ын ратт, Израилы цытджын хуыцау, йæ удæн! (Ацæуы.) С ц е н æ III Уат дзуттаджы хæдзары, 2-аг мийы куыд уыдис, афтæ. ноэми Нæ, ма мæ ирхæфс, ма мæ ирхæфс! Мæн Мæ зæд фæсайдта! Уый мын ныфс æвæрдта Цин æмæ уарзтæй,— уарзт мын радта уый, Фæлæ мæ цин ныгæд æрцыд æнусмæ! Фернандойы мын фенæн нал ис ныр, Æмæ кæуын, æз нал тæрсын закъонæй. Йæ хуыцауы куыд уарза уд, æз æй Раст афтæ уарзын,— уый мæнæн хуыцау у. Фæхъызæнт æрвтæ — уарзын æй уæддæр. Æрмæст мæ уый нæ бамбæрста,— уый уарзы Æндæры,— хъусыс, хъусыс, Сара,— уый Æндæры уарзы!.. Амæлдзынæн æз! Нæ, ма мæ ирхæфс! (Дзьшазы.) САРА Демæ мæ фæкæуын Фæнды мæн дæр, æрсабыр у, мæ хур... НОЭМИ Фæкæуын! Ды цæуыл фæкæуай мемæ? Мæнау кæд уарзтай? Дард бæстаджы ды Кæд уарзтай? Ды чырыстоны кæд уарзтай? Кæд дæ ныууагъта уый мæнау? Ах, Сара! Мæ цины рухс хур аныгуылд мæнæн. Мæ бæллицтæ, мæ сæнттæ æмæ бирæ Æнæхуыссæг æхсæвтæ фесты мæнг. О стыр хуыцау, тæригъæд мын фæкæн Æмæ мæ тагъддæр сау сыджытмæ барвит! Кæннод фæстагмæ сисдзынæн мæ къух Хъысмæтыл дæр... САРА Æрсабыр, у, мæ къона!.. Дæ карæнæй æнцон сæттæн у маст. 7 М. Ю. Лермонтов
Дæ фыд рæхджы æрбацæудзæн. Ныртæккæ Ныхас кæны раввинимæ цыдæр Æхсызгон æмæ ахсджиаг хъуыддагыл. Уый ног хабар æрбахæсдзæн дæуæн. НОЭМИ Æлгъыст фæуæнт сæ хабæрттæ, сæ иуæй Фæдæн æнамонд... Иннæ уый мæнæн Нæ раздахдзæн. Ах, Сара, нал ис, нал ис! (Моисей бауайы æррайау.) МОИСЕИ Мæ чызг, мæ чызг! Фæзынди мын! Цæмæн Фæзынди ныр? Цæуылнæ фæзынд раздæр? Фæзынд мæ хъæбул... Де ’фсымæр... Нæ зыдтон... Æнамонд бон... Мæ хъæбысы дæр æй Нæ акодтон... Ныр сæфдзæнис... Фæзындис Æмæ фæстæмæ айсæфт. О хъысмæт! Зæхх æмæ арв! Хъаймæты тымыгъ, дымгæ! Цы мын фæкодтат ме скасты? Æваст Фæзынд... Æрбайсæфт... Æмæ уыд чырыстон! Ау, уый та куыд? Мæ зæрдæ кодта къæпп, Иæ туг цыма мæн у... Мæ зæрдæ ’хсайдта, Зæгъын, мæ туг у, ме стæг. Израиль! Æгас дунейыл, алы бæстыл зил, Æрдзы тых дæр дæуæн дæ ныхмæ сыстад... Дæуыл дæ хуыцау ауыгъта йæ къух. Мæ фырт, мæ фырт! САРА Кæм и? Цæмæн нæй ам? МОИСЕИ О сагъæс, сагъæс! Ам уыди мæ хъæбул,— Раввин мын загъта... раст мын загъта уый,— Мæ хъæбул уыд!.. Мæн бахызта мæлæтæй, Æз та йын фервæзын кодтон йæхи, Æмæ ныр сæфдзæн,— дыккаг хатт ын нал ис Лæгмарты къухæй фервæзæн, Ноэми! Уыди Фернандо де ’фсымæр! Испайнаг Дæ мадызæнæг уыд, æмæ йыл ку! Хæрзбын кæны, уый царæфтыдæн райгуырд! Чырыстон у! Дæ мадызæнæг у! оэми бауадзыг вæййы, æрхауы. Сара йæм бауайы.) Уадз амæла мæ чызг дæр... Стæй æз дæр! Мæ фыдæлты хуыцау тæригъæд никæд Зыдта! Мæ хъæбул! О мæ хъæбул! 0! (Цавддурау джихæй баззайы.)
ЦЫППÆРÆМ МИ Сценæ1 Сорринийы хæдзары. Стъолыл чин- гуытæ æмæ сахат. СОРРИНИ (бацæуы) Рæхджы мæ рæсугъд ам уыдзæн. Мæ рæсугъд! — Æмæ æниу цæмæй мæн нæу? Мæн у — Уый раст у, æз мæнгард лæг куыд дæн, афтæ. Куы вæййын иунæг — фауын уæд мæхи. Цæмæн? Мæнгард дæн. Зонын æй мæхæдæг. Мæхи раз ма цы -’мбæхсон уæд мæхи? Æз дæн мæнгард, фæлæ мæнгардæй — зондджын. Æмæ дзы ’взæрæй ницы уынын уым; Æз райгуырдтæн идзæлынæн, цæрынæн. Æмæ цыфæнды мадзæлттæй дæр æз Тырнын мæ хæсмæ. Бантысти мын уый — Уæд зондджын дæн, куы нæ — уæд та æдылы! Гъе, афтæ цæрынц адæмты фылдæр. Ныфс мын æвæрдта кадджын инквизитор, Хæрзæгъдауæй куы равдисон мæхи, Уæд мын кæй курдзæн кардиналы стыр ном. Æмæ кæнын хæрзæгъдау митæ ныр: Фæливын, сайын! Диссаджы наукæ! — Нæ дунейыл æхсызгон хъæуы уый! Сылгоймаджы наукæ! О, йæ фæрцы Рæхджы уыдзæн Соррини кардинал; Ныр уал кæнын мæ фыццаг къахдзæф ахсæв. (Аджих вæййы.) Фернандо уал мæлæты хай фæци... Фæлæ ма ис Алварец,— уый æвзæр у! Мæгуыр Эмили! Афтæ мын нæ загътай, Зæрондæн уарзын не ’мбæлы, нæу хорз? — Дæ уыцы хъуыды аивдзынæ ахсæв. (Æрбадт.) Зæрондæн, дам, сылгоймаг уарзæн нæй, Нæ нын комынц, закъон, дам, уын нæ уадзы... Ау, ацы бæзджын чиныджы закъон Тыхджындæр у æрдзы зæронд закъонæй? Æдылы у, лæджы зæронд хъуыддæгтæ Мæнг уынаффæтæй чи уромы, уый. Иæ фыстытæй фылдæр кæнынц фыдгæндтæ: 99
Закъон лæгæн цы нæ уадза кæнын, Иæ зæрдæ уымæ тынгдæр бæллы ноджы! Нылвыдтой мæ, тыхæй мæ бери скодтой, Æмæ ныр, уадз, дæттой сæхæдæг дзуапп Мæ хъуыддæгтыл, уадз, сау зындоны судзой... Цы сты мæнæн зындон æмæ дзæнæт? Мæн бахиздзæни зындонæй сызгъæрин, Мæнæн сызгъæрин балхæндзæн дзæнæт. Нæ, аргъæуттæ рæууæндаг æмæ зондцух Сæрхъæнтæн конд æрцыдысты; æндæр Нæ дингæнджытæ не ’ууæндынц сæхæдæг Нæдæр дзæнæтон хорзæхтыл, нæдæр Зындоны уæззау хъизæмайраг цардыл. Æрмæст æдылы баууæнддзæн, мæрдты Тæригъæдджыны судзгæ кæнынц, науæд Къæхтæ ’мæ къухтæй ауыгъд вæййы, ууыл,— Цæй къæхтæ ’мæ цæй къухтæ йын вæййы?! (Райсы чиныг, пъеро æмæ гæххæтт.) Æркæсон! (Бавæры сæ фæстæмæ.) Нæ, нæ дæн мæ чеппыл. Ныр Кæй бауырнид, мæ карæн лæг æрыгон Чызгмæ кæсы æнхъæлмæ, зæгъгæ, уæд Кæй фæтыхсы, йæ риу тæпп-тæпп кæй кæны? Уый диссаг нæу!—Ау, усуарзын мæнæн Цæмæй у ’взæр? Æви лæг нал у бери? .(Кæсы сахатмæ.) Куыд тæхы сахат, рæстæг дæр; дзæнæт Кæд ис æцæг, уæд нæм кæны хæстæгдæр, Æцæг дуне мæм адард уыдзæн ныр. Æз цардтæн. Уæд цæмæн? Цымæ хуыцауы Йæ конд æгъдæуттæ халынæн хъуыдтæн? Уæд уый мæ бæсты ссардтаид æндæры! Æз цардтæн ам, цæмæй мæ мондаг уадзон, Стæй цардæфсæстæй амæлон. Æмæ Куы амæлон — цы уыдзынæн! — Æртхутæг! Ау, куыд? Ай-гъай, æртхутæг... Æмæ кæд Мæрдты ис цард?.. Нæ, нæ! Æхсызгондзинад! Дæ уацар дæн, дæ фæдон дæн æрмэест! (Дзæнгæрæг цæгъды. Бацæуы æххуырст.) Цы дын дзырдтон — дæ зæрдыл дар. Куыддæр Иæ хæсджытæ æрбаввахс уой — æваст сыл Æд хæцæнгарз ныццæвдзыстут уæхи, Цыма тыхæй сæрибаргонд æрцыди, Æмæ йæ тагъддæр ракæнут мæнмæ...
Сыбыртт дæр нæ, цыма уын нæй æвзæгтæ, Кæннод мын ме ’гъдау хорз куы зонут! Айс Лæвæрттæ раздæр. (Дæтты йæм æхцадон.) Байуар сын сæ хæйттæ; Цу ныр, цæугæ. (Æххуырст айсы æхцадон, йæ къухæн ын апъа кæны ÆХХУЫРСТ Дæ дзырд уыдзæн æххæст. (Ацæуы.) СОРРИНИ (бацæуы рудзынгмæ) Кæс-ма, сæ рыг куыд сыстади, цымæ йæ рахæссын сæ къухы бафтыд? Донна Мари хæзнатæм мæнæ цыбæл нæу, Æвæццæгæн; уæвгæ, хъыг æй куы дардта Мæ саурæсугъд — уæлдай бæлас уыдис Йæ дыргъдоны: æппарæн ын нæ уыднс, Фæлæ йæ махæн рауæй кодта ныр. (Кæсы рудзынгæй.) Мæ саггуырдтæ!.. Æрбахæстæг кæнынц; йæ ирвæзынгæнджытæ дæр фæбырсынц... Хæцынц! Æфсæн æфсæныл къæрцц кæны, Цæхæр кæлы, мæлгæ та ну дæр — ничи. Раст афтæ ма дыууæ сæрхъæны загъд Фæкæнынц уæгъды, афтид у сæ быцæу... Пæлхъ-пæлхъ кæны мæ хус зæрдæйы туг... (Кæсы.) Æтт, байстой йæ... Æрбахæссынц... Эмили! Уæлахиз! О Виктория2! Ныр уал Зæгъын ныфсхастæй: вени, вики3, уымæн Æмæ нæ федтон рæсугъды нырма!.. (Иуварс алæууы рудзынгæй. Бацæуы æххуырст.) Дæ хуызы мæм æрбацæуы уæлахиз; Æрбахон æй... (Æххуырст ацæуы.) Виктория, Соррини! (Йæ къухтæ кæрæдзийыл дауы.) О, акæудзæн Алварец, хъæр кæндзæн, Йæ урс сæрыхъуын тондзæни бындзыггай, Стæй базондзæн, кæм ис йæ чызг... Ха-ха! Уæлахиз! 2 Уæлахиз. (Лат.) 3 Æрбацыд, басаста. (Лат.)
(Бакæнынц Эмилийы. Соррини ацамоны йæ адæмæн æмæ ацæуынц.) ЭМИЛИ Чи мæ байста!.. Ах, Соррини, Нæ фыд, ды дæ мæ ирвæзынгæнæг? Хуыцау дын арфæ ракæнæд мæ бæсты, Нæ кадджын’ фыд! 0, бузныг, бузныг! СОРРИНИ Мæ чырыстон хæс баххæст кодтон уымæй. ’ (Рацæуы æмæ сæхгæны дуар.) ЭМИЛИ Нæ хæдзарыл мæ сæмбæлын кæн тагъддæр, Нæ кадджын фыд... Дада мæтмард фæуыдзæн., Куы базона мæ хасгы хабар, уæд! Нæ дыргъдоны мæ фыдыусы фарсмæ Лæууыдтæн, фыдгæнджытæ мæ æваст Æрцахстой, сбастой, раскъæфтой мæ семæ. Хорз ракодтай æмæ-ма ракæн иу: Нæ хæдзарыл мæ сæмбæлын кæн тагъддæрГ Куыд фенхъæлдзæн, цы дзурдзæни мæ фыд? (Кæуы.) СОРРИНИ Эмили! Ризыс... Афтæмæй уæхимæ Цы хуызы здæхыс? Нæ, ныртæккæ ды Лæмæгъ дæ тынг... Чысыл æруадз дæ фæллад,. Лæуу уал мæнмæ... Цæмæн мæ кæныс цух Æхсызгонæй? ЭМИЛИ Хатыр нæ зæдтæй! Нæп мын Дæумæ ныллæууæн! Уый мæ фадат нæу. СОРРИНИ Цæй тыххæй нæу дæ бон ныллæууын, ме зæд? Бон, йе — дыууæ, кæнæ—æртæ^ дæу ам Дæ фæллад уадзын чи хъыгдары?' Ничи... ЭМИЛИ Æртæ боны! СОРРИНИ Уым диссагæй цы пс? эмили Æз не ’мбарын дæу... СОРРИНИ Бон, дыууæ, æртæ, Стæй ноджы фылдæр баззайдзынæ махмæ,. Æмæ нæм кæд дæ зæрдæмæ цæуа, 102
Уæд нæм бынтон баззайдзынæ... ома, (Фæрсмæ.) Дæ цæстытæ, дæ уадултæ уæларвон Рæсугъд тæмæн кæдмæ калой, уæдмæ. ЭМИЛИ Нæ фыд Соррини! СОРРИНИ О, нæ хъазын æз; Уыдтæ цагъар, ныр та паддзах уыдзынæ; Мæ хæдзар дæр, мæ бирæ мулк дæр — дæу, Ды та — мæн. эмили Бар дын чи радта?! СОРРИНИ Мæ тых... Ды фервæзтæ мæ фæрцы — уый мæ бар — Æмæ æгъгъæд! ЭМИЛИ Ды ферох кодтай, чи дæ? Куыд цæрон демæ? Цавæр цард уыдзæн? СОРРИНИ Рæсугъд. (Йæ къухтыл ын æрхæцы.) Тæвд ма кæн! Уарзоны зæрдæ Хъуыды нæ кæны й ’амæттаджы карыл; Уыныс, зæронд дæр уарзы, зæгъгæ, уый дын Куы загътон, уæд æз раст уыдтæн. ЭМИЛИ Соррини! (Ратоны йæ къух.) Ныууадз мæ, дард! Æдзæсгом адæймаг! Мæ хъысмæт мæн æнæнхъæлæй æрхаста Дæумæ, ды та фысымы ном кæныс Хæрз худинаг... Цы дæ хъæуы? Хуыцау! Мæ хъысмæт де ’вджид, сыгъдæг Мадымайрæм!.. СОРРИНИ Зæгъын дын: ам сыгъдæгуд нæй... уæдæ... ЭМИЛИ Ай-гъай, æрмæст дæлимонтæ фæцæрынц Дæ хуызæн удхормæ... Фæлæ хуыцау Æназым чызгæн фехъусдзæн йæ ниуын! СОРРИНИ Нæ фæлтæрддзинад сахуыр кодта мах, Цæмæй кæнæм дзæбæх фадаты цинтæ. Уæдæ мын, цæй, фыццаг хатт апъа кæн. 103
ЭМИЛИ (ризгæ дзы йæхи азилы иннæрдæм) Æнамонды хъысмæт! (Уымæн.) Фыдгæнæг, иуварс!.. СОРРИНИ Дæумæ гæсгæ, мæ хæдзары ныр ды Мæ паддзах дæ? Нæ, уый уыдзæн фæстæдæр, Мæ фæндон мын куы баххæст кæнай, уæд, Мæ уæрджытыл, мæ хъæбысы куы бадай. эмили Дæ хъæбысы — уый никæд уыдзæн! СОРРИНИ Хъус-ма, Дзæгъæл ныхæстæй нæй дæуæн пайда; «0» кæнæ «нæ»... Æрмæст дыууæ дзырды Фæцагайдзысты ацы дур зæрдæ. Кæд «о» зæгъай, хуыздæр уыдзæн дæхицæн! Кæд «нæ», уæд... Хъахъхъæн, ма у хивæнд амг Фыддæр уыдзæн дæхицæн. Æрмæст уисæн Фæрогдæр кæндзæн де ’намонд хъысмæт!.. Æниу, уæвгæ, æнамонд та цæмæй дæ? Æз уарзын дæу, о, уый æнамонд нæу: Æз зонын уарзын, зонын æз рæвдауын, Мæ тæвд хъæбысы чи фæвæййы, уыцы Рæсугъд чызджытæй иунæг дæр нырма Мæныл йæхи нæ тигъ кодта. Мæ хуызæн Зæронд лæг уарзы лæппутæй хуыздæр: Фæлтæрд вæййы!.. ЭМИЛИ (ницы дзурыны фæстæ) Кæд искæд уыд дæ удæн Æнцойдзинад, ныфс, амонд æмæ цин, Кæд дын у адджын а дунейыл исчи, Кæд искæуыл дæ царды кодтай мæт, Кæд уарзтай искæй æмæ рызт дæ зæрдæ, Уæд уыдон номæй курыи æз дæуæп: Ныххатыр кæн, мæ зонгуытыл дæ курын!' (Йæ зонгуытыл æрлæууы.) Хатыр... Ныууадз мæ! Не схъæр кæндзынæн, Цы фæдзырдтай, цы фехъуыстон, цы зонып. Æрмæст хатыр! Мæ чызгон уд мын ма хал; Дæ фыдгæндтæ, дæ тæригъæдтæ дын Хуыцау ныббардзæн, баууæнд. О Соррини! Фæлæ мæм’ ды... Уæд амæлдзынæн æз. Мæрдтæй дæм уæд æрыздæхдзæн мæ уд Æмæ дын уый фæсурдзæнн дæ хуыссæг...
Хатыр... Сыбыртт дæр не скæндзынæн æз. СОРРИНИ Сæрхъæн у, сылтыл чи феууæнды, уый, Уæлдайдæр та сæ хæдæфсармдзинадыл,— О, о! Уый, арс æндахæй куы бæттай Æмæ, нæ алидздзæн, зæгъгæ. куы ’нхъæлай, Раст афтæ у, нæ фæлæудзæни де ’взаг... Нæ, ныр мæнæн мæлæт кæнæ уæлахиз Мæ разы сты æрдуйыл ауыгъд... Æз Уæлахиз исын, мæн мæлæт нæ хъæуы, Æмæ дзæгъæлы мауал лæгъстæ кæн, Эмили, ныр... эмили Уæдæ ирвæзæн иал ис. (Кæуы.) СОРРИНИ Мæнмæ гæсгæ... ЭМИЛИ Хуыцау, мæлæт мын ратт Æгады бæсты. (Æрхауы æмæ йæ цæсгом бамбæрзы.) СОРРИНИ Сапыны æфсæнттæ! Нæ мæ уырны, нæлгоймаджы ныхмæ Чызгæн йæ бон фæлæууыи бирæ бауа. цонгæн ын пъа кæнынмæ хъавы, фæлæ йын уый йæ ыдздзæхст ласы. Соррини йæм æртхъирæнгæпгæ дзуры.) А, уæдæ ахæм дæ, æнæвнæлд, багъæц!.. Мæ къухы дæ. Нæ ныббардзынæн æз Мæ бафхæрд, маст дæ райсдзынæн, кæс-ма-иу... Ныр фервæзынæй мауал ныфс æвæр. Хъуыды дæр нал æркæндзынæн дæ ниуын, Мæ къухтæ дзы куы ныккæрзой, уæддæр; Зæхх аскъуиндзæнис, аныхъуырдзæн мемæ Испанийы, мæ зæрдæмæ уæддæр Дæу тыххæп иунæг мисхал дæр тæригъæд Нæ бахъардзæнис ницыхуызы... Ды Тагъд базоидзынæ, цавæр у Соррини! Уый курып зоны, фæлæ зоны уый, Куы бахъæуа, уæд фидар бардзырд раттын! (Эмили йæм джихæй кæсгæйæ баззайы.) Æз хъамайæ дæр арæхсын, цæмæй Кæса мæ коммæ саурæсугъд æдзухдæр. Ха-ха, ха-ха! 0, базондзынæ мæн!.. (Фæцæуы йæм. Æваст æрбайхъуысы цыдæр уынæр.) Эй, чи дæ? 105
(Соррини дуар бакæны, æмæ бацæуынц испайнæгтæ.) ...Циу? Æнæуаг ми! ИУ ИСПАЙНАГ Уый мах Нæ лæвæрттæм æрбацыдыстæм. СОРРИНИ Цавæр? ИННÆ ИСПАЙНАГ Дæ фæдзæхстæй нæ раскъæфтам йæ чызджы Дон Алварецæн? Ау, æви дæ ферох! Цы? Де ’хцадон фæгом кæныс æрмæст Хъуыддаджы размæ равднсынæн дардæй? 3-аг ИСПАИНАГ Рæсугъд ус дын куы ’рбахастам, уæд та Фæмæгуыр дæ æваст? СОРРИНИ Фæныкгуызтæ! (Аппары сын æхцайæ дзаг æхцадон.) Цы тагъд кодтат?.. ИУМÆ (айсынц æхцадон æмæ ацæуынц) Хæрзæхсæв, нæ буц бери!.. (Соррини дуар нал сæхгæиы.) СОРРИНИ Эмили, цæй-ма, сразы у, фæлтау... ЭМИЛИ (сысты бандонæй) Уæдæ мæ ды... ды мæ раскъæфын кодтай? 0 сау фыдгæнæг адæймаг! Хæрз сæфт Фæдæн уæдæ... Хос нал ис. СОРРИНИ (худæнбылæй) Нал ис хос! (Йæ къух ын райсы.) Цом мемæ. (Пъа йын кæны.) Цом, мæ удыгага. Уыйбæрц Фæ «нæ-нæ» кæн, фæлæгъстæ кæн, фæку... Æмæ фæстагмæ басаст æмæ сразы! ЭМИЛИ Цы? Худинагмæ ратдзынæн мæхи? Фæлтау мæлæт, зæронд!.. СОРРИНИ Зæронд, дам! Худыс... Зæронд дын равдисдзæн, нырма кæй у Иттæг тæвд. ЭМИЛИ (кувæгау) Мадымайрæм! Ау, ды дæр мæ 106
Нæ фервæзын кæндзынæ?.. СОРРИНИ Цæй, цом, цом... Соррини дыи æндæр искæмæй цауддæр Нæ уыдзæни. 0, хибар раны мæн, Адæмы ’хсæн цы вæййын, ахæм ма ’нхъæл. (Иæ къухыл ын æрхæцы.) ЭМИЛИ Ныууадз, дæ къухы аныдзæвд мæнæн Раст емынæ у æмæ калмы маргау... СОРРИНИ (хæрамæй) Цæй, рацу, науæд... (Æвиппайды чидæр дуар бахойы. Дыууæ дæр фгстъæлфынц. Иезуит иуварс алæууы. Байгом вæййы дуар, бацæуы дардбæстаг кцвæг лæг плащы тыхтæй æмæ йæ худ сисы.) ЧИДÆР ’Бауадзут мæ, кувын Чырыстимæ! Æз тынг бастадтæн. Курын Æрмæст къæбæр... Фарн ам, нæ сыгъдæг фыд, Хуыцау дын ахъаз бакæнæд! Æз дæн Мæгуыр бæлццон... СОРРИНИ (фæрсмæ) Кæцæй фæци, дæлимон! Куыд æрбацыд? (Йæ дæндæгты къæс-къæс æм цæуы.) Дызæрдыггаг у тынг. (Уымæн.) Æрбад. Дзул, сæн æрхæсдзысты ныртæккæ. Кæцон дæ? Чп дæ? ЧИДÆР Æз мæгуыр бæлццон, Уыдтæн Ерусалимы, ныр нæхимæ здæхын... Фæллад, æххормаг... Цалынмæ цæрон, Уæдмæ дын алкæм арфæтæ кæндзынæн, Мæ хæрзгæнæг хæларзæрдæ фысым. СОРРИИИ Æрмæст мæ хæс æххæст кæнын. ЧИДÆР Дæ хæс! Нæ, бирæтæм нæй ахæм хъуыды. Бузныг!— Хуыцау дæр дæ мæ хуызæн бузныг уæд!.. " СОРРИНИ (Эмилийæн) Мæ хо! Цу, сæн æмæ йын дзул æрбахæсс... (Бæлццонæн.) Мæ хоимæ ам пумæ цæрæм мах. 107
(Элшли нæ цæуы. Соррини йæм мæстæй рызгæ бацæуы.) Цæугæ! Æз уый дæуæн куы зæгъын: уайгæ. ЧИДÆР (йæхинымæры) Кæфхъуындар, мæн нæ фæсайдзынæ ды! СОРРИНИ (хъæрæй) Цæугæ! ЧИДÆР Æнцад! СОРРИНИ (тарстæй) Куыд? Чи дæ? ЧИДÆР Æз... (Феппары йæ плащ æмæ хъама сласы.) ЭМИЛИ Фернандо!.. (Фернандо уайтагъд Эмилийы къухыл æрхæцы æмæ йæ акæ- ны иннæ къуыммæ, æрлæууы йæ разы æмæ йыл хæцы щ къцхæй.) ФЕРНАНДО Ныр хъуамæ ам мæнæн ды раттай дзуапп... • СОРРИНИ Мæрдтæй Фернандо нал æрцæудзæн... Чи дæ? Æндæрг дæ æви адæймаг? ФЕРНАНДО • Æз дæн, Дæ мæнгард митæй чи нæ тæрсы, ам дын Йæ хъамайæ тæрхон чи кæндзæн, уый, Мæлæты раз кæй къух нæ кæны ризгæ, Мæ хуры мын куы нæ ныууадзай, уæд! (Сорринийы хурхыл ныххæцы.) Æз нал бæллын хæрзиуджытæм уæлæуыл, Мæрдты дæр нæй уæлдай хæрзтæ мæнæн; Мæ уд æз радтон мастисыиæн; ма кур Хатыр мæнæй — æз арвитдзынæн дæу Æвæстиатæй зыпдонмæ, дæ хуызæн Æнаккæгтæн тæрхонгæнæг хуыцаумæ! Кæсыс, мæ кард дæ хурхыл ис. Ныууадз Дæ сау хъуыддаг, хуыздæр дын уыдзæн. СОРРИНИ Куы амарай — нæ фервæздзæн Эмили: Уæд ме ’ххуырстытæ н’ ауадздзысты дæу. Фæлтау мæ суадз, æмæ сæм æз фæдзурон... ФЕРНАНДО (суадзы йæ) Ды раст дæ: æз лæгæргæвдæг нæ дæн!.. 108
(Фæрсмæ.) Ау, туг ныккалынæй цымæ тæрсын? (Уымæн.) Эмилийы мын уадзыс? СОРРИНИ Нæ, нæ уадзын... (Бауайы дуармæ хæстæг.) ФЕРНАНДО О, рауадз æй! Ныккæрздзынæ тыхджын, Æз цы сфæнд кодтон, уый раз. Цæй, Соррини! Мæн у... Йæ сыгъдæг намыс дæр мæн у. Иæ сæрмæ мын нæ дун-дуне куы дæттис — Нæ дын æй райсин а чызгыл уæддæр! Лæг марыныл мæ ма бафтау, уæ, ма кæн! СОРРИНИ Нæ йæ дæттын. ФЕРНАНДО Кæд дур дæ ды, уæддæр Нырриздзынæ мæ мастæй... СОРРИНИ Нæ!.. ФЕРНАНДО Соррини! Мæ зонгуытыл лæугæйæ арæх æз Нæ фæхатып, æмæ йæ зон: æз раздæр Мæ зонгуытыл кæй раз лæууыдтæн, уымæн Иæ цард цыбыр у! СОРРИНИ Ног та уый уæддæр! ФЕРНАНДО Эмилийы дын байсдзынæн, фæлтау нæ Дзæбæхæй ауадз: ма мæ ’фтау фыдгæндыл! Цæттæ дæн æз фыдгæндмæ дæр. Цæттæ дæн Мæ хуримæ мæлæтмæ дæр, цæмæй йæ Дæ ныхтæй скъахон. Не ’рбацыдтæн æз Ам демæ хъазынмæ... О, байхъус, байхъус Фæстаг хатт... ратт æй. СОРРИНИ Фендзыстæм уæдæ! (Дуарæй федде вæййы æмæ сиды æххуысмæ.) Эй, ардæм тагъд! Тыхми цæуы! Эй, ардæм! (Æдде хъуысы хъæр-хъæлæба.) ЭМИЛИ (утæхсæн кæны) Фернандо! ФЕРНАНДО 109
Ехх, нæ хъуыддаг бабын! Уæгъды Ныххатыр кодтон цъаммарæн. Хæрзбон, Мæ хур, хæрзбон! Рæхджы ныр мах кæрæдзи Нæ фендзыстæм. (Ахъæбыс ын кæны, стæй азилы иннæрдæм.) 0 ме скæнæг хуыцау! Дæу уый фæнды, цæмæй æз уон лæгмарæг! Фæлæ мæнæн уый кад уыдзæн.. Иæ туг Мæн у æмæ нæ ныккæлдзæн æндæрыл. Æрра уыдтæн! Зæрдæйы бæсты дур Цы риуы ис, уым агуырдтон тæригъæд! Фæстаг фадат! Кæд уа,— кæд нæ, уæд — туг! Хъысмæтæн бар нæ ратдзынæн, дæлимон Мæ фыдгæндæй куы нынниуа, уæддæр. (Эмили йæм лæгъстæгæнæг цæстæнгасæй бакæсы. Уыцы рæстæджы бацæуы Соррини йæ фæсдзæуинтимæ. Се ’ппæтмæ дæр хотыхтæ.) СОРРИНИ Ныр тыхджындæры фендзыстæм! Эй, адæм!.. ФЕРНАНДО Æрбайхъус-ма, хуыцауы раз лæууæм... Æгасæй дæр стæй мардæй дæр мæн у — Уыныс? (Æвдисы йæ хъама.) ЭМИЛИ Ах!.. СОРРИНИ Мæн нæ фæтæрсын кæндзынæ! Мæн мардæй уый нæ хъæуы... Адæм, эй! Хæцут ыл, маргæ, аргæвдут æй сырды! (Иæхæдæг фæсдзæуинты аууон бамбæхсы.) ФЕРНАНДО Æнцад! СОРРИИИ Цы кусут? (Ног та йæм лæбурынц.) ФЕРНАНДО Ма змæлут, цагъартæ! (Сорринийæн.) Фæстаг хатт, арв æмæ зындоны номæй, Дæттыс мын æй? ЭМИЛИ (Йæ хъæлæс ма тæссæй гæзæмæ хъуысы) Мæ удылхæцæг зæд! Мæ уд уæд де ’вджпд! СОРРИНИ 110
Удæгасæй — никæд! Цыфæнды бакæн. ФЕРНАНДО О, уæдæ фæкæс! (Эмилийы риу ныррæхойы. Се ’ппæт дæр сагъдæй аззайынц. Фернандо сисы марды, цавддуртау лæууæг адæмты æхсæнты ацæуы. Чидæртæ фæцæйлæбурынц йæ фæдыл.) СОРРИНИ (йæ къухæй сæуромы) Ныууадзут æй! Æндæр фæнд ын кæнын! Цы хъæддаг у! О, басудздзынæ, багъæц! (Зыр-зыр кæны. Ацамоны сын, ацæуынц.) Мæхицæн тас у, радзурдзæн, миййаг... Иæ бон у... Цы? Цы йæ бон у? О, сæфын! Нæ, рагацау дзы райсдзынæн мæ маст: Йæ царм ын хъуамæ растигъон цæрдудæй, Æмæ цъæх арты басудздзæнис! О, Тæвд аркъауæй йын ласдзынæн йæ ныхтæ, Зæгæлтыл æй лæууын кæндзынæи æз, Иæ хъуыры йын ныккæндзынæн ызды дон, Æмæ цæудзæни сабыргай мæ маст Йæ удхарæй, йæ ниуынæй, йæ богътæй!.. Хæдæфсармы кæнгæцæсгом, æрхау! Уадз базоной, фæрæтдзæфæй, йе арты Иæ уд куы иса марг Фернандо, уæд Соррнни худгæ, хъæлдзæг цин кæй кæндзæн, Æмæ кæй у æцæг испайнаг, уый; Фернандо цас сындæгдæр мæла, уыйас Мæ зæрдæйæн æхсызгондæр уыдзæн. Йæ хъизæмæрттæй бафсæдон æз хъуамæ! Тæссаг мын у, фæлæ йыл хахуыр тынг Кæндзынæн æз. О, хахуыр! Рацу ’ххуысмæ! Нырæй хуыздæр мæ нпкуыма хъуыдтæ; Æри мын мин-мин калмæвзаджы, кæд Мæ сау фыдгулыл уазал марг ныккалин... (Йæ дыууæ æнгуылдзæй бакъуыры йæ ных.) О, ссардтои фæнд... Раст афтæ, афтæ... Стæй!,. О масты бардуаг! Айс мæ ныр дæхимæ! Дæу дæн, дæу дæн, мæ ингæны онг æз! (Бацæуы доминикайнаг, Сорринийы хæлар.) ДОМИНИКАИНАГ Фарн ам, Соррини! СОРРИНИ Тас цæуай! Хъуыдтæ мæ. ДОМИНИКАИНАГ 111
Цы хъуыддагæн? СОРРИНИ Ныртæккæ дын зæгъдзынæн. ДОМИНИКАИНАГ Æвæццæгæн та ’рцахстай иу хъæздыг Уираджы, йе фæхæст дæ еретикыл. Дæ цæсгомыл æхсызгон цин зыны! Бæрæг у уый, нæ дины ’нувыд бардуаг, Цы зæгъинаг дæ, базыдтон дын уый. СОРРИНИ Ды раст зæгъыс. Зыдтаис Алварецы. Дзæгъæлзад лæппу схъомыл кодта уый — Иæ ном Фернандо... Аппæрста уый мах дин Æмæ кæны Лютеры днн. Ныртæккæ Уый амардта мæ цæстыты раз, ам, Мæ хæдзары, Алварецæн йæ чызджы. Æз йе скъæфджытæй байстон уый, бæргæ, Фæлæ йæ риуы цыргъ хъама ныссагъди! Хъæуы йæ ссарын, маринаг у сырд Фыдгæнæджы æвирхъаудæр мæлæтæй. Уый ахаста æнамонд чызджы мард, Фæлæ мын дардмæ н’ алидздзæнн, хъуамæ Йæ тугæйдзаг фæдыл фæцæуон ныр Æмæ йæ арты басудзон... ДОМИНИКАЙНАГ Æнæмæнг! О, ауыдтон æй марæджы... Фæлæ Мард хаста, уый .куыддæр дзæбæх нæ федтон, Тынг тагъд цыдис, йæ хуыз цыдæр тæссаг! СОРРИНИ (асагъæс кæныны фæстæ) Æри дæ къух, уыдзынæ мын æвдисæн... ДОМИНИКАИНАГ (дæтты йæм йæ къух) Гъа, айс мæ къух, мæныл дæ зæрдæ дар... СОРРИНИ Кæмдæриддæр уыдзыстæм мах æмвæндтæ’ ДОМИНИКАЙНАГ (дызæрдыгæй йæм бакæсы) Дæхимæ дзы кæд азым ис, миййаг? СОРРИНИ Цытæ дзурыс: цы азым мæм уа хъуамæ? ДОМИНИКАИНАГ Цæй, ма хъаз! Исты азымджын дзы дæ? СОРРИНИ Нæ, нæ! Фæлæ, зæгъæм, куы уаин...
ДОМИНИКАЙНАГ Фæлæ... фæлæ!.. Дæ хæларæн зæгъ раст. СОРРИНИ О, нæ’ ДОМИНИКАИНАГ Æргом зæгъ: раст дзы дæ? СОРРИНИ Бæлонау! ДОМИНИКАИНАГ (хинæйдзаг худт кæны) Гъе, афтæ! Ха-ха! Ныр гæххæтт æри; Мæ хъуыды уа, мæ рахиз цонг — дæуæн сæ Нывонд кæнын, нæ мæм кæсынц æвгъау. Æнæхуыцау Фернандойы та артыл Кæндзыстæм тавгæ, цалынмæ бынтон Нæ ныууазал уа йе ’лгъыстаг фыд-зæрдæ; (Æрбады, райсы сис æмæ гæххæтт.) Куыд мын дзырдтай, раст афтæ йæ фыссын, Мæлæты тæрхон рахæсдзæн мæ гæххæтт! О, зондджын уыд фыссын æрымысæг! Сис хаттæй-хатт тыхджындæр кæны риссын Фыдхъизæмарæй! — Паддзахад цæмæй Æрцæуа пырх, æгъгъæд у уымæн иу хахх; Сыгъдæг дзæнæтмæ бафтынæн дæр ма Гæххæтт фæхъæуы сауджынæн; ды снсыл Æууæндыс, нæ? СОРРИНИ Раст ме зæды хуызæн! ДОМИНИКАИНАГ Уæдæ мæ бахаст райдайон фыссын. (Райдайы фыссыи.) СОРРИНИ (Эмили кæм фæмард ис, уым;е кæсы) Раст ам ныккалди туг, йæ фæдтæ мæнæ... Фыццаг хатт мын у тугмæ кæсын зын. Фыццаг хатт зæрдæ ризы æмæ стъæлфы, Æмæ лæууынц мæ сæрыхъуынтæ арц Æнæнхъæлæй æвирхъаудæр мæлæтæй! Эмилийыл хъыг кæнын, ау? Цæмæн? Мæлгæ кæндзыстæм мах дæр. Фæлæ йе ’ндæрг Мæ цæстытыл, миййаг, куы уапа ’хсæв, Куы мæ 'вдæрза,чкуы мын хæца мæ хурхыл Иæ уазал къухтæй, йе ’нгуылдзтæй мын уый Мæ цæст куы къаха, йе æхсæвæй-бонæй Иæ тæригъæд, йæ туджы фæдтæ ам 3 М. Ю. Лермонтов 113
Æгъуыссæгæй мæ цæстытыл куы уайой!.. Куыд! Æз тæрсын?.. Цæмæй? Æндæрг куы нæй! Нæй раздæхæн мæрдтæй, уым мардыл ингæн Æхгæд вæййы — фæстæмæ стæн дзы нæй! Уæд намыс та? Цы у, цы, намыс? Ницы! Фæлæ уæддæр, Соррини, нæу сыгъдæг Дæ намыс, и? Кæдæй нырмæ у чъизи? (Йæ къахæй зæхх æрхойы.) Зын у, куы вæййы тугау чъизи намыс. ДОМИНИКАЙНАГ Бахаст рæвдз у! СОРРИНИ Æрфыстон ыл. ДОМИНИКАИНАГ Æз дæр!.. СОРРИНИ Цæуæм. ДОМИНИКАИНАГ Ау, бахаст раттынæй тæрсыс, Æмбал, куыд ризыс? СОРРИНИ Цинæй! (Райсы йæ плащ æмæ йæ лæдзæг.) Мæнæ адон — мæ хæцæнгæрзтæ. Цом. ДОМИНИКАИНАГ Мæгуыр сæ бок Нæ закъоны æмæ нæхи фыдгултæн! Хæрын дын ард: хатыр сын нæй! СОРРИНИ Нæ, нæй! Цы хъизæмар ын равзарæм мæлæтæн, Цæмæй нæ динæй хизæг еретик Ныдздзыназа нæ нæстыты раз? — Судзгæ! Уый бафхæрдта нæ дин, æмæ æгад та Фæци мæ хæдзар. ДОМИНИКАЙНАГ Нæ, кæрдгæ, кæрдгæ! СОРРИНИ Йæ хъæлæсы йын ауадзæм фыцгæ зды! ДОМИНИКАИНАГ Зæгæлтыл æй ныххуыссын кæнæм, цæй! СОРРИНИ О, уымæн ныр сæдæ уды куы уаид, Сæ алкæй дæр ын аскъуынин, бæргæ! Æниу мæнæн мæ фæндон ныр æххæст у!..
(Йæ къухтæ кæрæдзийыл сæрфы.) ДОМИНИКАЙНАГ Цæй, цом! Нæ сыгъдæг Доминикы руаджы Æнæхуыцауæн фелвасæм йæ уд! (Ацæуынц цингæнгæ.) ФÆНДЗÆМ МИ Сценæ1 Алварецы хæдзар. Стъолыл цырагъ. АЛВАРЕЦ Уæдæ уый алыгъд, алыгъд уый мæнæй Фернандоимæ — цъаммаримæ алыгъд! ДОННА МАРИ .Мæхæдæг дын куы загътон абон æз, Уæд æй цæмæн, цæмæн нæ уагътай уыцы Дзæгъæлхæтæгмæ моймæ цæуын, и? АЛВАРЕЦ Нæ йыл тыхсын, нæ йыл кæнын хъуыды дæр, Æбузн, æвзæр уыд!.. ДОННА МАРИ Нæ, кæугæ, кæугæ! Кæуинаг вæййы ахæм чызг, кæуинаг! АЛВАРЕЦ Цы ’мхиц мæм уыд, куыд æнувыд мыл уыд! ДОННА МАРИ О, уый бæрæг у!.. АЛВАРЕЦ Нал и ’фсарм! Дæ фыдæн Иæ зæронд урс сæр фегад кæн, фæхуд ыл, Æнæхæдзар гæвзыккæн у хæзгул .Æрыгонæй! О, уый æгæр фыдми у! Нæ, уымæй сырд уæздандæр у, хуыздæр!.. ДОННА МАРИ Дæхиуыл ауæрд!.. АЛВАРЕЦ Уадз, къæбæргур зила Фернандоимæ рудзгуыты ра*зты: Кæнын ыл хъоды, фесæфæд! Эмили Нал у мæ чызг; æндæр ыссарæд ныр Йæхицæн фыд, æз атыдтон мæ риуæй
Æдзæсгомы. Куы ’рбалæууид ныр ам Мæ къæсæрыл фæлладæй æмæ стонгæй, Къæбæр куы курид удисгæ мæнæй — Хæрын уын ард, нæ йын раттин уæд мур дæр; Мæ къæсæр фегад уый тыххæй, йæ уд Уадз сиса уым!.. ДОННА МАРИ Лæгай, гормон, рынчын дæ! — Цом сынтæгыл æруадз дæхи. АЛВАРЕЦ Ай-гъай, Хъæуы мæ ныр æнцойдзинад, мæстджын дæн. ДОННА МАРИ (фæрсмæ) Æцæг, мæгуырæг, бастади. АЛВАРЕЦ Хуыцау! Цæмæн мын радтай ахæм чызг? Мæ сæр мын Куы фегад кодта! Бафхæр æй, хуыцау! Æрвдзæф фæуа! Зæронд уæздан мыггагæй — Æмæ фæлидз Фернандоимæ! О, Ныр зонын, калм кæй бахъомыл мæ тугæй! (Ацæуы.) ДОННА МАРИ Цымæ цы ми кæна нæ хæлар фыд Соррини? Ныр, æвæццæгæн, æртыдта Æназым, цины дидинæг! Цымæ ма Æрвитдзæнис лæвæрттæ ныр мæнæн, Иæ хæрзгæнæгæн? 0, ай-гъай, æрвитдзæн; Тæригъæд кæпын райдыдтон, цыма, Зæронды амæттаг мæгуыр нывондæн?.. Æз дæн йæ сафæг аххосты сæйраг? Цæсгом! Цæмæн ма судзыс ныр æнафон? — Фæлтау сыгъдаис раздæр уæд; ныр ын Зæххон уды бон баххуыс кæнын нал у! айгом кæны лагъз, сисы Сорринийы лæвæрттæ, фгны сæ æмæ сæ бафснайы фæстæмæ.) Нæ, а фæрдгуытæм, а хæзнатæм нæу Мæ бон кæсын! — Мæ къухты ’нгуылдзтæ ризынц, Куы сæм бавналын, уæд; сæ фæрдгуытæ цыма Цæстысыгтæ сты, афтæ мæм фæкæсы; Дард, иуварс, дард! (Бахгæны лагъз.) Куыд фæцыбæл дæн ныр Æлгъаг фæрдгуытæм? Намыс, ныр цæуылкæ Ныууадзыс мæн? Цы ’ххуыс дын ис мæнæй?
О рухс зæдтæ! Æз кувдзынæн сымахмæ, Ком дардзынæн, æрхæсдзынæн нывонд, Æрмæст мын фидын бауадзут мæ азым Æмæ мын раттут удæнцой, хуыссæг! (Алварец бацæуы тарстæй.) АЛВАРЕЦ Усай!.. Нæ хъусыс? Цавæрдæр æндæргтæ Нæ хæдзары... Цыдæртæ федтон æз! Ныхас мæм хъуыст... Йæ хъæлæс цыма зонгæ!.. Тæрсын куыддæр... (Æрбады.) ДОННА МАРИ Æрсабыр у, мæ хур. Цæй æндæргтæ? Нæ уыдис ам æндæргтæ! Дæ маст æмæ дæ зæрдæйы тыхстæй Дæ цæстытыл æнахуыр нывтæ уайынц. АЛВАРЕЦ Тæрсын, тæрсын. (Дзæнгæрæг ныццæгъды.) Эй, ме ’ххуырстытæ, дон! Дон тæгъд!.. Усай, æндæргтæ зилынц махмæ... ДОННА МАРИ Дæ цæстытыл кæуынвæлладæй... АЛВАРЕЦ Куыд? Нæ куыдтон æз, нæ кæндзынæн кæугæ дæр!.. Мæ чызг æрбауæд сау æлгъыст!.. (Æххуырст бахæссы дон, Алварец баназы, æххуырст ацæцы.} ДОННА МАРИ (фæрсмæ) Тæрсын!.. Æндæрг, дам, ис... Æрыздæхынц, дам, мæрдтæ,— Фæдзурынц ахуыр беритæ... Хъæуы Æууæндын мах... О, уый тæссаг, тæссаг у! АЛВАРЕЦ Цæй, кæд Эмили амардис... Цæй, кæд Йæ уд пæ буарæй афонмæ фæхицæн... Кæд уый... ДОННА МАРИ Хуыцау! Цытæ дзуоы!.. АЛВАРЕЦ Нæ! Мæрдтæм Фыды æлгъыст пæ бахæццæ уыдзæн! Мæрдтыбæсты æндæр фыд ис!., Æз барын Дæуæн, кæд ды уæлæуыл нал дæ, уæд... Æрмæст æндæргæй м’ альшæрсты ма зил, 117
Æнæхуыссæг мæ ма кæн æмæ тæссæй Мæ урс сæрыхъуын ма лæууын кæн арц! — Дæ фæлыгъдæй йыл худинаг æрбадти!.. Фыды æлгъыстæн нæй мæрдтæм цæуæн! Уым ис æндæр фыд... Барын дын, мæ хъæбул, Хатыр дын уæд, хатыр дын уæд... Хуыцау! (Байгом вæййы дуар, фæзыны Фернандо Эмилийы йæ къух- тыл хæсгæйæ, Алварец нырдиаг кæны. Се ’ппæт дæр лæууынц джихæй.) ДОННА МАРИ (алыдзы иннæ уатмæ) Ах! Бабын дæн! АЛВАРЕЦ Цы у? Цы хабар у? (Фернандо мард æрæвæры бандоныл.) Кæй туг... кæй мард у? (Фернандо æлхынцъæрфыгæй лæууы марды уæлхъус.) Чи у? Йе — ды чи дæ? ФЕРНАНДО Дæ чызджы дын æрбахастон. ’ АЛВАРЕЦ Эмили! А!.. Мард у!.. ФЕРНАНДО Мард! АЛВАРЕЦ Ды дæ йæ маоæг! ФЕРНАНДО Æз!.. АЛВАРЕЦ Хъæддаг! Тæхуды, тых — уæд дæ ныккæнин Къабазгай! Ды — мæ чызджы скъæфæг, ^алм, Лæгмарæг... ахæм дурзæрдæ сырд, удхор... Ныр æй æрхаста... О мæ уд, мæ зæд! Мæ чызг! Иæ туг цæуы, æз та æгас дæн... ФЕРНАНДО Кæс-ма йæм, кæс, куыд рæсугъд у, зæронд!.. АЛВАРЕЦ Цы ма лæууыс? Цу сау зындонмæ, фесæф, Мæ цæстæй дæ куыд нал уынон, лæгмар! Кæннод йæ туг нæ банцайдзæн цæуынæй... О, ныр æдых цæмæн дæн... Дард, дæлимон, Мæ чызгæй иуварс! ФЕРНАНДО Ам лæууын, зæронд, 118
Æз нал цæуын. АЛВАРЕЦ Ды ам лæууыс? ФЕРНАНДО О! Æгасæй Дæ чызг уыди, фæлæ ныр уый мæн у! Æз балхæдтон хъæбатыры фыдгæндæй Дæ чызджы мард. Ныр уый мæн у! Æркæс, Йæ цæсгомыл мæрдон фæлурс куы бады,— Дæ къух ыл сис... АЛВАРЕЦ Уæдæ мæм багъæц! Тагъд Уыдзынæн ам! Мæнгард калм æмæ бирæгъ! Æз ацагурон мастисыны хос, Дæ ныхмæ дын æрхонон инквизици! ФЕРНАНДО (амоны мардмæ) Зæд амарынæй чи нæ фæтарст, уый Зæххон дунейыл ницæмæй фæтæрсдзæн!.. (Алварец азгъоры æмæ йæ фæдыл дуар сæхгæны.) Дуар сæхгæдта! Ха-ха, ха-ха! Иттæг хорз, Зæронд, мæ фæнд мын баххæст кодтай ды! Уæддæр мæ иунæгæй уæвын фæндыди Мæ хуримæ... Сабырдзинады бардуаг! Æвдисæн у мæ чындзæхсæвæн... ам дын Кæнын мæ сомы, мард кæд у, уæддæр Æрмæст зыбыты иунæг уый кæй уарзын... Æркæсут, къултæ, фенут мын мæ хур Эмилийы æмæ кæут, дзыназут! Куыд бафæлурс, куыд бафæлурс! О, о! дæлфæдтæм æрхауы æмæ богъ-богъ кæны. Фæхъус Мæ рухс дуне! Ныббардзынæ мын? Æз Дæу бахызтон! Кæс-ма: йæ мидбылты Гæзæмæ бахудт, адджын худт, мæрдон худт! (Йæ къух ын райсы.) Йæ къух ныйих ис! Апъа йын кæнон!.. (Пъа йын кæны.) Куыд æхсызгон у пъатæ кæнын мардæн! (Сысты Иæ дзыккутæй йын ракæнон бындзыг,— Куы мæлон, уæд уыдзæнис мемæ,— уыйбæрц Зын мын нæ уыдзæи удхæртты мæлын! (Лыг ын кæны бындзыг йæ дзыккутæй.) Нæ уарзыны рæсугъд нысан! Ныфсхаст дæн! Мæ уд, мæ сæр нывондæн радтон æз, Нывондæн радтон рухс дуне, цæмæй
Сæрибар уа Эмили, кæд æнусмæ Нал фендзыстæм нæ кæрæдзи, уæддæр... Фернандо уыд йæ цæрæнбонты иунæг, Мæлгæ дæр кæндзæн иунæгæй. Хуыцау, Цæмæн мæ ’ркодтай ахæм ранмæ? Адон Куы зыдтай раздæр, уæд хъысмæтæн бар Куыд радтай ды? Нæ дæ фæндыд! (Аджих вæййы.) Эмили! Фыццагау рох дæ алкæмæй, фæлæ Æз демæ дæн!.. (Хæстæг æм бацæуы.) Дæ риуыл туг ныххус и!.. Ныр сау сыджыты бавæрдзысты дæу; Дæ цæстытыл, дæ рæсугъд былтыл, арæх Цы риутæм кастæн, уыдоныл, æмæ Дæ даргъ æрфгуытыл урс ызмис æрбаддзæн, Дæ фæлурс, уазал, сабыр пыхыл калм Бырдзæн æдæрсгæ... Иу дæр дыл нæ тыхсдзæн... Æмæ кæй уарзтон дунейыл фылдæр, Æмбийдзæнис уый ингæны, мæнæн та Уыдзæн æлгъыстаг алыран мæ ном!.. О, фесæфтон дæ, фесæфтон æнусмæ! Дзæнæт мæ удæн нал ратдзæн дæ хуыз; Кæрæдзийæ нæ байуæрста нæ хъысмæт Мæн аххосæй,— æз фехæлдтон мæ цард, Æз аппæрстон мæ хæзна! ...О мæ дуне, Хæрзбон, хæрзбон! Мæ фынæй зæды хай! Ныффæлурс дæ, ныффæлурс дæ! Ды мард дæ... (Æдде цæуы уынæр, фæлæ Фернаидо лæууы сæргуыбырæй æмæ ницы хъусы. Бацæуынц иквизицыйы кусджытæ сæ хицауимæ æд бæндæнтæ, æд хотыхтæ.) ХИЦАУ Эй, ардæм! Ам и уарзæгой Фернандо! О, еретик! Хæцут ыл, марадз, гагъд! Бæтгæут æй! ФЕРНАНДО (цыма хуыссæгхъæлдзæгæй) Цы уæ хъæуы мæнæй? ХИЦАУ Уый пиллон арты базондзынæ ды, Зæгъдзæн дын æй нæ сыгъдæг инквизици! ФЕРНАНДО Цæй тыххæй? ХИЦАУ Мах нæ дæттæм ууыл дзуапп. 120
Бæтгæ йæ! ФЕРНАНДО Æз нæ ратдзынæн мæхи. ХИЦАУ Уый фендзыстæм!.. ФЕРНАНДО Кæй нал фæнды цæрын?! ХИЦАУ Æз зонын, дæу кæй нал фæнды цæрын. Гъеуый тыххæй æрбакодтам цæугæ дæр! ФЕРНАНДО Тæрсын уæ, зæгъгæ, ма зæгъут. Мæн ам Нæ фæнды ацы мард ныууадзын. Иуварс! Уæ цъыф зæрдæтæй чъизи кæнут ам. Кæсут-ма йæм: сыгъдæгдæр у уый бирæ Уæ сыгъдæг удтæй. Балхæдта дзæнæт йæ тугæй уый, сымах та йæ ныр хъавут Кæйдæр тугæй æлхæнынмæ... Дард, дард!.. ХИЦАУ Нæ уарзын æз дзæгъæл ныхас, хæцут ыл! ФЕРНАНДО (йæ хъама сласы) Дыккаг хатт мын æххуысгæнæг фæу, Мæ сау хъама! — Цæй, чи уæ мæлы раздæр? (Фæстæмæ алæууынц.) Ау, ничи! Уалæй — иунæгæй тæрсут? ХИЦАУ (йæхиуæттæм) Уæвгæ, цымæ цы тагъд кæнæм, хæлæрттæ?.. Уæддæр ын махæй аирвæзæн нæй. Рæхджы уыдзæнис ам нæ фыд Сорринч: Æрбарвыста нæ, уый йæ ’рцахса, уадз; Нæхи цæй тыххæй тасы ран æвæрæм? (Дуаргæрон æрлæууы.) ФЕРНАНДО Ныр сыл мæхи куы ныццæвин сырдау, Куы сæ ныккæнин гагадзагъд — цы уаид? Нæ! Уадз кæной сæ ницæйаджы цард, Зынаргъ куы нæу, цæмæн хъæуы йæ байсын? Æз иу дæп ам... Æгас дуне — мæ ныхмæ! Æгас дуне... Тыхджын дæн æз, уæйыг!.. (Бацæуы доминикайиаг, йæ къухы гæххæтт.) ДОМИНИКАИНАГ Фернандо! ФЕРНАНДО Циу? 121
ДОМИНИКАЙНАГ Дæ ныхмæ бахаст ис. ФЕРНАНДО Уый диссаг нæу. ДОМИНИКАИНАГ У тæрхондоны фидар, Ныр ахст дæ ды. ФЕРНАНДО Испанийы тæрхондон — Лæгмарты къорд, абырджытæ! ДОМИНИКАИНАГ Ды та? . Нæ дæ лæгмар? ФЕРНАНДО Нæ дæн. ДОМИНИКАЙНАГ (мардмæ амонгæйæ) Уæдæ ай циу? ФЕРНАНДО Æз æй фæкодтон ирвæзын... Мæн уарзта, О, цас мæ уарзта! Зоныс, уарзын циу? Нæ, ды нæ зоныс... Батаис, мыдадзау, Куы ’ркæсис а фæлурс цæсгоммæ, уæд! Уый уарзта мæн. 0, уый цы уарзтæй уарзта!.. ДОМИНИКАЙНАГ Уæ уарзтыл дзурæг не ’рбацыдтæн æз: Зылын цæуыс, кæй æууæндыс Лютерыл, Æнæдин еретикыл, уымæй; мах Æрбацыдыстæм уый тыххæй дæу ахсæг; Лютерыл ды æууæндыс? ФЕРНАНДО Мæнæ диссаг: Лæджы æнæ тыхмигæнгæ фæрсы! Уырны мæ, ис хуыцау!.. ДОМИНИКАИНАГ Нæ бери та Йæ бæрнон, нæ? ФЕРНАНДО Кæй æвæрд у? ДОМИНИКАИНАГ Уæдæ йыл Ды не ’ууæндыс?! ФЕРНАНДО Ау, адæмы дæр уын Хуыцау фæкæны судзын?
ИУМÆ (хъæр кæнынц) Еретик у! ДОМИНИКАЙНАГ Цæмæн æй нырмæ не сбастат? ХИЦАУ Иæхи Нæ дæтты. ДОМИНИКАЙНАГ Куыд, ныхмæ дæр-ма лæууы? (Фернандойæн.) Хæлар, дæуæн мæлгæ у. ФЕРНАНДО Уый зонын æз! Зыдтон æй æз... Дæу дæр хъæудзæн мæлын!.. Æгæр хъал ма у, бирæ нæу лæджы цард. Уыныс мæлæт... (Амоны Эмилимæ.) Эмилийæн цы хъысмæт Нæ ныббарста, ныббардзæн уый дæуæн? ДОМИИИКАИНАГ Дæ тæрхон конд у, ратт дæхи дзæбæхæй! (Соррини бацæуы, Фернандойæ дæрддзæфты бахъуызы} ФЕРНАНДО Соррини, ’гас цуай! Ардæм ды, бæлвырд. Мæ фæстаг маст фæроггæнæг фæзындтæ! Нæ, ма тæрс! Ницы дын кæндзынæн æз. Цы уыд, уый ферох. Æз фæдæн мæ хъуыддаг. Ды та дæ уд фæсмонгæнгæ фæхæр, Дæ цæсгом судзæд, удæнцой дын ма уæд Дæ хъаймæтмæ... Уæвгæ, æгъгъæд дын фод... СОРРИНИ Æрра, æртхъирæн ма уæндыс? ФЕРНАНДО Соррини! Ды басастай... Фæлæ дæ курын иу, Æмæ йæ бакæн,— уый куы бакæнай, Уæд арты судзгæ, кувдзынæн дæу тыххæй, Мæ хъизæмæртты ’ппæлдзынæн дæуæй. СОРРИНИ (мидбылты худгæйæ) Цымæ цы уа? (Сæрыстырæй худгæйæ.) Кæд сусæг нæу — зæгъ-ма йæ! ФЕРНАНДО (дзыккуты бындзыг сисгæйæ) Уыныс ды сау сæрыхъуынты бындзыг! Ныууадз сæ мемæ судзынæн мæхимæ. Йæ дзыккутæй сæ ралыг кодтон æз! 12*
Куы мæ судзат, уæд-иу мæм сæ ныууадзут; Цы уæ хъыгдарынц уыдон? СОРРИНИ Нæй гæнæн! Нæй уый гæнæн. ФЕРНАНДО Лæгъстæ кæнын фæстаг хатт! (Йæхи йæм æввахс кæны.) Мæ ныхты бын мын судзинтæ куы тъыссат, Æмæ куы цæуа ме ’рдиаг, уæд дæ Нæ хъыгдардзысты хъусынмæ, о баууæид! СОРРИНИ Нæ, нæй гæнæн! Дæумæ куы уой, уæд дын Дæ хъизæмар кæндзысты рог сæ хуызæй. Нæ фæнды тæрхондоны уый. ФЕРНАНДО Соррини! Дæу, дæу фæнды... СОРРИНИ Мæн уый фæнды, цæмæй Ды федзæм уай! Хæцут ыл еретикыл Æмæ йын байсут сæрыхъуынтæ тагъд йæ чъизи къухтæй! Фыдгæнæджы сбæттут Уæ бæндæнтæй! Йæ тæрхон конд у ныр. Цы-ма кæсут? (Фæрсмæ.) Ды фендзынæ/ Соррини Кæй зоны маст исын дæуæй хуыздæр. Нæ дыууæ дæр дзы азымджынтæ стæм, Фæлæ уæлахиз чи фæци, уый — кадджын! (Уыцы рæстæджы иууылдæр хæстæг бацæуынц Фернаидомæ. Фæлæ уый фесхойы, æввахс æм чи уыд, уый, æмæ ныррæхойы Сорринийы.) ФЕРНАНДО Ныммæл! СОРРИНИ (ахауы цæфæй, стæй сысты) Æххуыс! ФЕРНАНДО Æгас у! СОРРИНИ О, æгас, Цæмæй дын æз дæ хъизæмæрттæ фенон. ДОМИНИКАИНАГ Дæ хъæдгом бабæтт. (Йæ къух ын бæтты.) ФЕРНАНДО 124
Ныр уынын, кæрон Кæй нæма ис дæ бирæ сау хъуыддæгтæн, Кæй сæ кæндзынæ ноджыдæр. Хуыцау Уæд ме ’вдисæн: мæн а сырды фæндыди Фæсурын зæххæй... не сарæхст мæ кард. Æмæ — цæры... Æлгъыстагдæр, æнаккаг! Лæгмарынæн цы мæргтæ ис зæххыл, Æлгъагдæр мын у се ’ппæтæй. (Аппары йæ хъама зæхмæ.) Ныр иуварс, Мæ сайаг кард! Ды дæр, лæгау, фæлывд дæ,— Æназым уды амардтай, фæлæ Фæкъуымых дæ лæгхоры риуыл,— иуварс! (Йæ къахæй йæ асхойы.) ДОМИНИКАЙНАГ Тæссаг нын нал у! Ахсгæ йæ, бæтгæ! (Кард æм нал ис, уый куы фенынц, уæд ыл сæхи ныццæвыкц, ацахсынц æй æмæ йын йæ къухтæ сбæттынц.) СОРРИНИ Фæстиат ма цæмæн кæнæм? Мæ зæрдæ Зыр-зыр кæны, мæн арт фенын фæнды, Цæмæй дзы судзгæ фенон еретичы! Мæ хъæбултæ! Хуыцауы тыххæй, цом! ХИЦАУ Хæцут ыл фидар, лидзынмæ куы хъава!.. ФЕРНАНДО Нæ, ма тæрс! Лидзын нал фæлварын æз. (Сæрбæрзондæй худгæйæ.) Дæ фарсмæ чи ис, уый хуызæн зæды Мæрдтæм æрвитын чи фæнд кодта, уымæн Мæлæт хуыздæр у!.. МОИСЕИ (дуары æдде) Бауадзут мæ тагъддæр! (Бауайы æрдиаггæнгæ.) Мæ фырт! Фернандо! О! Кæм и? Кæм и? Мæ фырт Фернандо! Базыдтон æрæджы,— Раввин мын загъта! — 0, цы кодтай, цы? Дæу ссардтои æз, æмæ та сæфыс ногæй. Мыггагмæ! О мæ хъæбул!.. ФЕРНАНДО (фестъæлфы) Æз — дæ хъæбул! (Аджих вæййы.) Зæронд, мæнг у! Зæгъ афтæ: уый мæнг у! Цы пайда у æрæджиау фыд арын? Зæронд... Рæдийыс! Æз дæ фырт нæ дæн, 1Г5
Мæнæн ныр хицон а дунейыл нал ис. МОИСЕЙ Нæ, фервæзын дæ кæндзынæн. (Йæхи баппары Сорринийы къæхтæм.) О! Хицау!.. Нæ курын æз чырыстонæй тæрнгъæд, Æз зонын, хицау, уый рæдыд ми у! Фæлæ дæу уæд æгасæй ме ’хца! Айс сæ!.. (Йæ уæрджытыл ын атыхсы.) Мæлæт ын ма ратт! Алидзын æй кæн! (Дæтты йæм æхцайы голлаг.) Мæ хъæбул у! Æппæтдæр айс йæ сæрмæ. ФЕРНАНДО Уæлæмæ сыст! Æгад дæхи куыд кæныс! Сæрыстыр у,— æви мæ фыд нæ дæ! Сыст æмæ кæс фыдгулмæ знаджы кастæй. МОИСЕИ (йæ зонгуытыл) Айс ме ’ппæт мулк дæр! — мæнæ сты, дæ разы... Чызг дæр мын ис!.. ФЕРНАНДО Зæронд, ныхъхъус у, цæй! — Мæ къухтæ уæгъд куы уаиккой, дæ былтыл Бæргæ ныххæцин... МОИСЕЙ (Сорриныйы зæнгтыл тыхсы) Бахатыр кæн!.. СОРРИНИ Нæй! МОИСЕИ Мæлæтмæ? СОРРИНИ О... ХИЦАУ (хъахъхъæнджытæй иуæн) Цу разæй ды. ФЕРНАНДО (Моисей æмæ Эмилийæн) Хæрзбонтæ! (Акæнынц æй.) СОРРИНИ (Моисейæн) Цы зæгъыс? МОИСЕИ Акодтой йæ! Хос ын нал ис? СОРРИНИ (райсы æхиаты голлаг) Цæй, бавзарæм! — Нырма фæрæзтæ ис! Мæнæн ис тæрхондоны бирæ бартæ. Уираг куы дæ! А-гъа! Цæмæн дæ ам?
Фæлæуу! Дæу дæр мæ къухтæм хъæуы! (Ацæуы йæ мидбылты худгæ.) МОИСЕИ Ацыд! Мæ фырты мын байста... Ме ’хца дæр мын айста, Ныууагъта мын æртхъирæнтæ! Хуыцау! Ерусалимы стыр хуыцау! — Фæбыхстон — Фæлæ фыд дæн — зæнæг: мæ чызг æрра ссис, Мæ лæппуйæн — фыдгæнæджы мæлæт, Мæ бирæ бынтæ фесæфтон!.. Хуыцау! Нæ! Исаакмæ Авраамæн бирæ Æнцондæр уыд йæ къухисын мæнæй! Тон, зæрдæ, скъуий! Мæ сау сæрыхъуын, ивзий! Ды та мын, арв, мæ тæрных гомæй цæв! (Йæ сæрыхъуынтæ тоны.) Мæ фырт! Мæ чызг! Мæ бирæ бынтæ! Ме ’хца! (Йæ сæр къулыл хойы.) Сæ иу дæр нал! Хæрз сæфт фæдæн, хæрз сæфт! (Дыууæ мардхæссæджы бахæссынц сынт.) О сагъæс! Бабын дæн! О сагъæс, сагъæс! (Алидзы. Мардхæсджытæ йæ фæдыл джихæй кæсынц.) 1-аг МАРДХÆССÆГ Кæмдæриддæр — лæгмарын æмæ сагъæс; О, ацы лæг чысыл, æнамонд нæу. (Амоны Моисейы фæдыл.) 2-аг МАРДХÆССÆГ Æвæццæгæн! Йæ сæрыхъуын куыд тоны! 1-аг МАРДХÆССÆГ Уираг кæд V. тæригъæд у уæддæр. 2-аг МАРДХÆССÆГ Нæ федтай, дон Алварец нæ куы ’рвыста Иæ чызджы мардмæ, уæд куыд лæмæгъ уыд, Йæ уадултыл цы ставд цæссыгтæ уади? 1-аг Д1АРДХÆССÆГ Æнамонд цау! Æгас горæты нæй Æндæр хабар. (Мард æвæрынц уæлсынтыл.) 2-аг МАРДХÆССÆГ Дзæнæты бад, рæсугъд чызг! 1-аг МАРДХÆССÆГ О, бирæ, бирæ кад уыдзæн йæ мардæн. 2-аг МАРДХÆССÆГ , Цы уæлдай ма у мардæн та: фæнды Хæрдгæбыд уæд, фæнды — четæн, уæддæр æй Хæрдзæни калм. 127
1-аг МАРДХÆССÆГ Æгъдау, мæ хур, æгъдауГ 2-аг МАРДХÆССÆГ (сынтыл æмбæрзы мар- ды) Цæттæ дын у чындздзон хуыссæн, рæсугъд чызг! (Аджих вæййы.) Рæсугъд уыдис, хъæбæр рæсугъд уыдис! Кæд ахæм куысты сфæлтæрдтон, уæддæр мын Зын афтæ у, цыма ныффæлдæхт дур Мæ зæрдæйыл. (Сынтыл сисынц Эмилийы.) 1-аг МАРДХÆССÆГ Дзæнгæда ма цæгъд. Сис! Цæугæ... Гъе, афтæ! Растдæр хæц! Хæц растдæр! (Мард ахæссынц.) С ц е н æ II Горæтаг уынг. Алварецы .хæдзармæ хæстæг. Адæм. 1-аг ИСПАИНАГ А! Тас цæуай! Нæ фехъуыстай, мæгуыр Фернандойы тæригъæддаджы хабар! 2-аг ИСПАИНАГ О, горæтмæ йæ ’ркодтой^ абон, ахст у; Нæ уарзынц ам æнхъæлмæ кæсын бирæ, Ам моладзан куы смæсты уа лæгмæ — Æназымæй дæр уайтагъд сыгъд æрцæуы. 3-аг ИСПАИНАГ Фæлæ Фернандо азымджын уыдис, Мæгуыр Эмилийы цæмæн æргæвста? Нæ, дурзæрдæ уыд! Уадз æй, æмæ судза. 4-æм ИСПАИНАГ Æгадæй йæм хуыздæр фæкаст мæлæт, Фыдгæндмæ нæ — хуыздæрмæ йын бæлльгди!... 2-аг ИСПАИНАГ Бырсынц, гуылфгæнгæ ’гас адæм, цæмæй Сæ цæстæй феной, адæймаг куыд судзы. (Адæммæ амонгæйæ.) Сæхæдæг дæр мæлинæгтæ куы стьг! САРА (фæссценæйæ) О, бауромут, бауромут чызджы! эми бацæуы, йæ дзыккутæ пырх, афтæмæй, йæ фæдыл — Сара.)
Суанг горæтмæ фæуадис афтæ... Охх, Куыд бастадтæн... Ноэми сæрра! НОЭМИ Суадз мæ! 0 ме ’фсымæр! 0 ме ’фсымæр! Кæдæм?.. Æз уарзын дæу, æз уарзын дæу, æз уарзын... Закъон лæгмар у! — Удхæссæг, æлгъаг! Æвирхъау! — Дæ къух мæм ратт! — Нæ хъæуы: Куыд? Ацы къухтæ марды тæф кæнынц! Æриут’ мын мæ фæрдгуытæ фæстæмæ... О, ме ’фсымæр кæй мæлдзæн, уый зыдтон, Нæхимæ цом. (Сара йын йæ къухтыл ныххæцы.) Нæ, афтæмæй нæ цæуын! (Иæ зонгуытыл æрхауы.) О хорз адæм! Зæгъут-ма мын, кæм ис Мæ мадызæпæг? 2-аг ИСПАИНАГ Чи V? САРА " Ах, ныббарут! Куы йæ уынут: йæ зонд фæцыд бынтон,, Йæ бауромын никæй бон у... 2-аг ИСПАИНАГ Дзуттæ, Сæ ацы чызгау се ’ппæт дæр æрра Куы суаиккой, хуыздæр уаид уæд махæн. НОЭМИ Цы фæци ме ’фсымæр? 4-æм ИСПАИНАГ Мæгуыр уираг чызг! НОЭМИ (рабады) Дæумæ гæсгæ мæгуыр дæн æз! Мæ фыд Дæуæй сæдæ хатты хъæздыгдæр у, сæдæ та — Хуыздæр дæуæй. Ды афтæ ’нхъæлдтай, æз Лæудзынæн ам мæ зонгуытыл — рæдийыс! Æз зараг, кафаг, хъæлдзæг дæн, ай-гъай! (Р1æ цæссыгтæ сæрфы.) Мæ цæссыгтæ — фæливджытæ, ныххус ут! Æз нал кæуын, æз хъæлдзæг хъуамæ уон. Мæ фыд хъæздыг у, цæстысыгтæ — иуварс!.. (Дзыназы.) САРА Цытæ дзуры? — Сæнттæ цæгъды! Уираг лæг 9 М. Ю. Лермонтов 129
Мæгуыр у тынг!.. * 2-аг ИСПАЙНАГ (Ноэмимæ кæсгæйæ) Тæригъæд у! НОЭМИ Кæм и? Арв пиллон калы, адæм судзынц... Зæхх та Æмрызт кæны... Уым, арты, судзы ныр Мæ мадызæнæг! Ауадзут мæ, курын, Мæ цæстæй ма йæ фенон! САРА О хуыцау, Йæ зонд фæцыд! Цы ми кæныс, мæ къона? 5-æм ИСПАИНАГ (базгъоры) Фæцис! Тæрхон ын рахастой, Фернандо Æрцæудзæн сыгъд... Куыд æй æвдæрзтой, куыд! Сæ фæрстытæм сын не скодта сыбыртт дæр,— Фернандо ’нцад сæрбæрзондæй лæууыд Æмæ ныртæккæ пиллон арты судздзæн! 2-аг ИСПАИНАГ Цом, бакæсæм, цымæ куыд мæлдзæн... Цом. иутæ ацæуынц. Адæм хъомпал кæнынц уынджы.) НОЭМИ . Чи, чи мæлдзæн? (Æрхауы зæххыл.) Æз фехъуыстон: Фернандо... Ау, ме ’фсымæр? Нæ дзурут! Худут, худут! — Мæлæт! Цæй зын дæ!.. (Адæм ыл атыгуыр вæййынц.) САРА Баххуыс ын кæнут! Дон, дон! — Хуыцауы хатырæй, фæкæсут! (Йæ зонгуытыл æрхауы.) Хъарм ма у, хъарм!.. О адæм! — Адæм нæ — Дæлимонтæ!—Мæ бон ын циу! Зæронд дæн... Фæкæсут мæм! Хъæддаг сырдтæ стут, цы? 6-æм ИСПАИНАГ (дурзæрдæйæ) Уираг у уый, уадз иунæгæй ныммæла! Ныххæдмæл уæд! Фернандо дæр, дам, уыд Уираджы фырт. САРА Фод чифæнды йæ фыд,— Уый адæймаг у, фæлæ ды та дур дæ! Чифæнды фест — æлгъыст фæу, æлгъыст! (Ноэмимæ æргуыбыр кæны.) Ноэми! Ма мæ бацарæфтыд кæн!
Мæгуыр — дæ фыд, йæ чызг æмæ йæ фыртæй Куыд аззад иу бон афтидæй! НОЭМИ (сабыргай) Фернандо! (Адæмы астæцæй иц лæппулæг бацæуы йæ цурмæ.) 7-æм ЙСПАИНАГ Цы рæсугъд уыд! О, бадомдта йын маст Иæ уадултæ, мæлæт ын хæрв æвæры Йæ цæстытыл — куыд афæлурс и, куыд! (Сара йын йæ цонгмæ бавналы æмæ фестъæлфы.) Ныцъцъæх, ныууæззау сты йæ былтæ, здыйау4... 4 Ууыл фæци къухфыст.
ПР 0 3 Æ
АШИК-КЕРИБ (ФÆНДЫРДЗÆГЪДÆГ) Туркаг аргъау Раджыма-раджыма царди ’мæ уыди Калачы иу хъæздыг туркаг. Бирæ сызгъæрин ын радта Хуыцау, фæлæ сызгъæринæй зынаргъдæр уымæн уыди йæ иунæг чызг, Магул-Мегери. Хорз сты стъалытæ арвыл, фæлæ стъалыты фæстæ цæрынц зæдтæ,— уыдон та сты ноджыдæр хуыздæр, афтæ Магул-Мегери дæр уы- ди Калачы чызджытæн сæ тæккæ хуыздæр. Царди ма Калачы иу мæгуыр, Ашик-Кериб. Ницы йын ба- хай кодта уымæн пахуымпар фосæй; фæлæ (уыйбæрц) уый уы- ди бæрзонд зæрдæйы хицау, æмæ йын уацмысы курдиат уыди лæвæрд. Саазæй5 цæгъдгæ, Туркестаны сгуыхт адæмы кадджы- тæ кæнгæ уый зылди чындзæхсæвтыл æмæ хъæлдзæг дардта фæрныг адæмы. Иу чындзæхсæвы уый æмæ Магул-Мегери фемдзаст сты æмæ кæрæдзийы бауарзтой. Фæлæ Магул-Мегери йæ къухы бафтдзæн, уымæй йæхицæн уыйбæрц зæрдæ не ’зæрдта æмæ æрæнкъард зымæгон арвау. Иухатт хуыссыди цæхæрадоны, сæнæфсиры уидаджы бын æмæ афынæй. Уыцы сахат йæ рæзты фæцæйцыди Магул-Мегери йе ’мгæрттимæ, уыдонæй иу ауыдта фынæй Ашичы (фæндыр- дзæгъдæджы), фæфæстиат æмæ йæ уæлхъус алæууыди. — Цы хуыстæй хуыссыс сæнæфсиры бын,— ныззарыди чызг,— уæлæмæ, æнæзонд, дæ зæрдæйы уидаг дæ рæзты ра- цæуы. Ашик-Кериб æрыхъал, фæлæ чызг маргъау атахт. Магул- Мегери фехъуыста чызджы зарын æмæ йын рауайдзæф кодта. — Кæмæн зарыдтæн, уый куы зонис, уæд ма мæ бузныг дæр фæуыдаис: уый кæд уыди дæ Ашик-Кериб. — Цом-ма йæм уæдæ! — загъта Магул-Мегери æмæ араст сты. Магул-Мегери уымæн йе ’нкъард цæсгоммæ куы бакаст, уæд <ей фæрсынтæ байдыдта, зæрдæтæ йын æвæрдта. 5 Сааз — авдтæнон фæндыр. 133
— Æмæ æнкъард дæр куыд нæ кæнон,— загъта Ашик-Ке- риб,— фыццаг хатт дæ куы федтон, уæдæй ардæм мын дæуæи фæстæмæ никуал ницы ис, афтæмæй та мæ хай фæуындзынæ, уымæй мæ зæрдæ рухс нæу. — Мæ фыдмæ сминæвар кæн: уый чындзæхсæз сараздзæн йæхи хардзæй, стæй нæ дыууæ дæр цæмæй цæрæм, уыйбæрц нын ратдзæн. — Хорз, фод афтæ дæр,— загъта Ашик-Кериб.— Цы зæгъын æй хъæуы, дæ фыд кæй ницы бацауæрддзæн йæ иунæг чызгæп, фæлæ мын, чи зоны, искуы мæ мæгуырдзинад куы дарай мæ* цæстмæ, кæнæ мын уайдзæф куы бафæразай, мæ руаджы цæ- рыс, зæгъгæ. Æз уый мæ сæрмæ æрхæссинаг нæ дæн, мæ хуры хай Магул-Мегери. Уаргъ сæвæрдтон мæхиуыл: дзырд радтон— авд азы дунейыл куыд фæхæтон, хъæздыгдзннад куыд ссарон; нæ уый нæй, уæд иу æдзæрæг ран куыд фесæфон, афтæ. Бар да^ ис: кæд разы дæ, уæд мæм бад. Чызг бадыныл сразы, фæлæ ма загъта: — Æвæдза, æмгъуыды бонмæ нæ зыныс, уæд Хуршуд-Бек- мæ фæцæудзынæн,— уый дæр мыл рагæй дзуры. Ашик-Кериб æрцыди йæ мадмæ,—уый йæ балцмæ пахуым- парыл, зæдтæ ’мæ дауджытыл бафæдзæхста,— йæ чысыл хойы ахъæбыс кодта, хызын æрæфтыдта, райста лæдзæг æмæ араст и Калакæй. I Уалынмæ йæ мæнæ иу барæг раййафы, кæсы — æмæ Хуршуд- Бек. — Дæ фæндаг раст!—дзуры йæм Бек,— кæдæмдæриддæр цæуай, бæлццон, æз—де ’мбал. Йе ’мбалæй ницы уыйас барухс йæ зæрдæ, фæлæ ма йын цы фæрæз уыди. Бирæ фæцыдысты иумæ: фæстагмæ бахæццæ сты иу цæугæдонмæ. Доныл нæ — хид, нæ дзы донуайæн. — Баленк дзы кæн,— загъта Хуршуд-Бек,— æз дæр фæцæ- уын дæ фæдыл. Ашик йæ дарæстæ феппæрста æмæ фæленк кæны. Иннæ фярс фæци, афтæ фæстæмæ фæкаст æмæ сагъдау аззад: уæ нæ раттæг Хуыцау! Хуршуд-Бек ын йæ дарæстæ фелвæста æмæ фæстæмæ Калакмæ ныххоста, æрмæст ма йæ бæхы рыг калмау зынди лæгъз быдыры. Калакмæ йе ’рхæццæ, афтæ Ашик-Керибы дарæстæ уымæн йæ зæронд мадмæ бахаста æмæ загъта: — Рухсаг уæд, дæ фырты дын арф дон фæласта, —мæпæ йæ дарæстæ. Æрхауди мад йæ уарзон хъæбулы дарæстыл æмæ сыл су- дзаг цæссыг калын байдыдта; стæй сæ систа, Магул-Мегеримæ сæ бахаста æмæ дзуры: 134
— Мæ фырт доны бахауди,— Хуршуд-Бек ын æрбахаста йæ дарæстæ, амæй фæстæмæ ды махæй хицæнгонд. Магул-Мегери йæ мидбылты бахудт æмæ загъта: — Уыдон сты иууылдæр Хуршуд-Бечы хиндзинæдтæ. Авд азы æз мой скæнинаг нæ дæн. Райста къулæй сааз æмæ байдыдта кæнын Ашик-Керибы уарзон цагъд. Бæлццон бæгънæг, бæгъæввадæй бафтыди иу хъæумæ. Хорз адæм æй бацарæзтой, бафсæстой, Ашик-Кериб та сын фæкодта йæ диссаджы зарджытæ. Уыцыхуызæнæй хатти уый хъæуæй-хъæумæ, сахарæй-сахар- мæ, æмæ дардыл айхъуыст йæ кад. Æрæджиау æй Хуыцау Га- лафы сахармæ бахаста. Бараст та уым дæр кофецымæнмæ, сааз ракуырдта æмæ байдыдта зарын. Галафы уыцы рæстæджы царди иу паша, кадæггæнджытæн стыр аргъ чи кодта, ахæм. Уымæ чысыл нæ фæкодтой зарæггæн- джыты, фæлæ дзы иу дæр нæ бацыд йæ зæрдæмæ. Р1æ кусджытæ сæ сæрæн нал уыдысты сахарыл зилынæй. Æрæджиау, кофецымæны рæзты куыд фæцæйцыдысты, афтæ <1Йхъуыстой диссаджы хъæлæсы хатт. Смидæг дзы сты æмæ фæхъæр кодтой: — Цом махимæ стыр пашамæ, намæ æдас нæ баззайдзынæ. Ашик сын дзуапп радта. — Æз дæн сæрибар адæймаг, Калачы сахарæй, фæнда мæ— а-’мæ ацæудзынæн, нæ мæ бафæнда — æмæ н’ ацæудзынæн. Зар- гæ та æрмæст уæд фæкæнын, мæ зæрдæ мæм дзурын куы бай- дайы... Уæ паша мæнмæ ницы бархъомыс дары,— ме ’лдар нæу. Уыдæттæм ын нал æркастысты, фæлæ йæ пашамæ балæу- уын кодтой. — Заргæ!—загъта паша, æмæ Ашик ныззарыди. йæ зарæджы уый сдыдта, ацы рухс дунейыл уымæн зынаргъ- дæр чи уыди, уыцы Магул-Мегерийы. Зарæг пашайы зæрдæмæ афтæ бацыди, æмæ Ашик-Керибы баурæдта йæхимæ. Æвзист æмæ йыл сызгъæрин калын байдыдтой, сæрттывтой йыл зынаргъ дарæстæ. Амондимæ хъæлдзæгæй æрвыста йæ цард Ашик-Кериб пашайы хæдзары; кæрон нал уыди йæ исæн. Рох дзы фæци Магул-Мегери, æви нæ,— чи зоны, æрмæст æмгъуыды бон дард нал уыд. Фæстаг аз ивгъуыдта, афтæмæй та цæуыны кой йæ зæрды нæма ’фты. Рæсугъд Магул-Мегери тыхсын байдыдта. Калакæй уыцы рæстæджы раст кодта балцы иу сæудæджер, дыууиссæдз теуа- йыл æд барджытæ, цыппарыссæдз цагъаримæ. Магул-Мегерк сæудæджермæ æрбасидт æмæ йæм дæтты сызгъæрин тæбæгъ. 135
— Ацы тæбæгъ ахæсс демæ æмæ цы бæстæм бафтай, уым- иу æй бахъар, æмæ йын кæд хицау бæлвырдæй разына,— уæд. тæбæгъ дæр уый, стæй ма — йе ’муæз сызгъæрин дæр. Араст сæудæджер, алыран дæр æххæст кæны Магул-Меге- рийы ныстуан, фæлæ тæбæгъæн хицау нæ зыны. Йæ фос фæ- уæймæ æввахс æрæнцад Галафы. Ныстуан хæс у: фехъусын та кодта ацы ран дæр Магул-Мегерийы фæдзæхст. Ашик-Кериб хабар куы айхъуыста, уæд каравансарайы ба- лæууыд, йæ цæст ахаста сызгъæрнп тæбæгъыл калакаг сæудæ- джеры дуканийы æмæ загъта: — Ацы тæбæгъ м’æ тæбæгъ у,— æмæ йæм æрæвнæлдта. Сæудæджер ын дзуапп радта: — Дæу у бæгуыдæр! Æз дæ базыдтон, Ашик-Кериб. Цæугæ тагъд Калакмæ: æрвиты дæм дæ Магул-Мегери,— æмгъуыд æр- хæстæг, афоныл куы нæ сæмбæлай, уæд мой скæндзæн. Сагъдау баззад Ашик-Кериб: фыдæбоны æмгъуыдмæ ма кæд уыди æрмæст æртæ бопы. Фæлæ йæхн баппæрста бæхы рагъмæ, айста сызгъæрин æхца хордзены дзаг æмæ уайыптæ байдыдта тæргæ бæхæй. Уалынмæ фæллад дугъон Арзинианæй Арзерумы æхсæн Ар- зениан хохыл æрхауди æмæ йæ уд систа. Цы ма кодтапд? Арзенианæй Калакмæ ис дыууæ мæйы цыд, æмгъуыдмæ та ма уыди дыууæ боны! — Хуыцæутты Хуыцау!—сдзырдта Ашик,— кæд ма мын ды нæ баххуыс кæнай, уæд мæнæн нал ис бирæ цæрæнбон. Æмæ йæ зæрды æрбафтыд йæхи раппарын бæрзонд къæдзæ- хæй. Уалынмæ фæкаст æмæ уыны: хохы бын иу лæг урс бæхыл бады æмæ хъæрæй дзуры: -♦ Огълан (лæппу), уый цы фæнд аразыс? — Мæхи амарын,— дзуапп ын радта Ашик. — Кæд афтæ у, уæд ардæм æрхиз, æз дæ амардзынæн. • Æрхызти амалтæй Ашик къæдзæхæй. — Цу мæ фæдыл,— загъта барæг тызмæгæй. — Уый та куыд,— дзуапп ын радта Ашик,— дымгæпы тахт куы кæны дæ бæх, мæнæн та ме ’ккойы дзаг хордзен. — Раст у. Æрцауындз æй мæ саргъыл, дæхæдæг уангæ мæ фæстæ. Баззади Ащик-Кериб, кæд йæхиуыл нæ ауæрста, уæддæр. — Цæмæн зайыс? — фæрсы йæ барæг. — Де ’мдзу куыд кæнон? Дæ бæх уадæй тагъддæр. Æз та фæллад дæн. , — Раст дзурыс. Æрбабад мæ фæсарц æмæ мын зæгъ æцæг, кæдæм дарыс дæ фæндаг. — Арзерумы уæддæр куы сæмбæлин абон,— за1ъта Ашнк. 136
— Бацъынд кæн. Бацъынд кодта. — Ныр ракæс. Кæсы Ашпк æмæ уыны: йæ размæ урс-урсид дарынц Арзе- румы къултæ æмæ æрттивынц йæ хæрзконд азанхъæргæнæнтæ (дзылæттæ). — Бахатыр кæн, агъа,— загъта Ашик,— фæрæдыдтæн,— мæн зæгъын хъуыди Хъарсы опг. — Кæсут æм!—сдзырдта барæг,— зæгъгæ дын куы кодтон, де ’цæг мын куыд базонын кæнай, афтæ. Бацъынд кæн. Ракæс. Ашик нал æууæнды йæхиуыл. Хъарс фестад йæ разы. Уæд йæ зонгуытыл æрхауд æмæ дзуры: — Зылын дæн, агъа, дæ разы, æртæ хатты фæзылып дæуæй дæ цагъар Ашик-Кериб; фæлæ æнæзонгæ нæ дæ,— адæнмаг, æвæдза, райсомæй райдыдта фæливын, уæд æй изæрмæ хæссы. Æнæмæнгæй æз цæуын Калакмæ. — Гъеуый дын, гъе! Ахæм æнæдзырд ма уыдзæн! — мæс- тыйæ загъта барæг.— Фæлæ ма цы гæнæн ис, барст дын уæд. — Бацъынд кæн. Ныр ракæс, — загъта цæстыфæныкъуылдмæ барæг. Ашик фырцинæй схъæр кодта; уыдон фестадысгы Калачы дуæрттæм. Зæрдиаг арфæ ракодта барæгæн, райста йæ хордзен жмæ йын загъта: — Агъа, мæныл ьс дæуæй стыр хорздзинад, фæлæ ма дæм *:тырдæр хорздзинадмæ æнхъæлмæ кæсын ноджыдæр. Арзиннй- анæй Калакмæ иу бонмæ æрбахæццæ дæн, уый куы дзурон, уæд кæй бауырндзæн? Исты нысайнаг мын ратт. — Дæхи æргуыбыр кæн,— загъта йын барæг мидбылтыхуд- гæйæ,— сис бæхы сæфтæджы бынæй сыджыты къуыбар, бавæр æй дæ роны, æмæ дын, æвæдза, не ’ууæндынц дæ дзырдты æцæг- дзинадыл, уæд æрбахонын кæн, авд азы куырмæй чи цæуы, ахæм сылгоймаджы, байсæрд ын йæ цæстытæ сыджыты змæстæй, æмæ ракæсдзæн. Ашик урс бæхы сæфтæджы бынæй систа сыджыты къуыбар; фæлæ йæхи куыд сраст кодта, афтæ барæг фæаууон. Йæ зæрдæ •фæсæххæтт кодта: йе ’ххуысгæнæг сызгъæрин Уастырджи кæй уыд, уый йæ зæрдæмæ æцæгæн райста. Æрмæст æрæджиау, хæрз изæрæй ссардта Ашик-Кериб \\æ хæдзар. Рнзгæ къухæй уый хоста сæ хæдзары дуар æмæ дзырд- та: — Нана, уæ нана, дуар мын бакæн! Уазæг, æххормаг уа- зæг, уазал уазæг; бахатыр кæн, дæ бæлццон-фырты тыххæй мын фысым фæу. Зæронд усы æдых хъæлæс ын дзуапп радта: 137
— Фысыммæ цæуынц тыхджьщты ’мæ фæрнджынты хæ- дзæрттæм, азæр сахары ис чындзæхсæвтæ — уырдæм дæхи ба- лас æмæ хъæлдзæгæй арвитай де ’хсæв. — Иана, мæнæн а бæсты зонгæ иæй, æмæ дæ курын,— дæ? бæлццон-фырты хатыр бакæн — уазæг мæ скæн. Уæд йæ хо дзуры йæ мадмæ: — Нана, æз сыстдзынæн æмæ йын дуар бакæндзынæн. — Налат,— сдзырдта йæ мад,— дæ фæндиаг лæппутæ æдзу:с куы бадиккой нæ хæдзары, минасы уæлхъус: авд азы цæуы,. кæдæй ардæм дын мæ цæстæй нал кæсын. Фæлæ чызг мады уайдзæфтæм нал фæкаст, фестад æмæ- дуар байгом кодта Ашик-Керибæн. Уый сын салам радта, æр- бадт æмæ, йæ зæрдæ куыд суынгæг, уымæ гæсгæ алырдæм- хъахъхъæны æмæ уыны: къулыл ауыгъд йæ адджын хъæргæнæг сааз; рыг æрбадт йæ агъудыл, æмæ фæрсы йæ мады: — Уый та къулыл цы ауыгъд и? — Хынцфарст уазæг дæ,— дзуапп ын радта ус,—æгъгъæд. дын уæд, кæрдзыны къæбæр нæм куы ссарай, æмæ дæ сæрæга- сæй райсом куы афæндараст кæнæм. Уазæг æм -дзуры фæстæмæ: — Æз дын куы загътон,— ды мæ ныййарæг мад дæ, мæ ный- йарæг, мæнæ уый та мæ хо у; уымæ гæсгæ мын бамбарын кæн,. уый цавæр у дæ къулыл? — Уый сааз у, сааз,— загъта зæронд ус, нæ йыл æууæнды, афтæмæй. — Æмæ сааз та цавæр у, дæ хорзæхæй? — Сааз та у ахæм дзаума æмæ дзы цæгъдынц æмæ дзы зар- джытæ каенынц. Уæд дзы Ашик-Кериб куры б&р,— йæ хо сааз» куыд райса къулæй ,æмæ йæ куыд равдиса уймæ. — Ницæйы тыххæй, — зæгъы зæронд ус. Уый у ме ’намонд. фырты сааз.Авд азы анвгъуыдта, кæдæй ардæм уый къулæй нæма фезмæлыди æмæ йыл йæ къух дæр ничнм’а асæрфта. Фæлæ чызг сыстади, райста къулæй сааз æмæ нæ балæзæрд- та уазæгмæ. Уæд уазæг йе ’ргом радта арвмæ æмæ кувы: — Ме сфæлдисæг Хуыцау, кæд .æмæ кæмæ бæллып, уыимæ- нын нæ ныв иу скодтай, уæд мæ авдтæнон сааз разындзæн аф- тæ хæрзарæзт, фæстаг хатт дзы куыд цагътон. Æмæ æрхуы тæнтыл йæ уырзтæ æруагъта,— тæнтæ сдзырд- той хæрзæнгом иу мады фырттау, æмæ байдыдта зарын. ,— Æз дæн мæгуыр кериб (ома, бæлццон), мæ ныхас дæр— мæгуыр, фæлæ мын сызгъæрин Уастырджи баххуыс кодта, æмæ- æз айнæг къæдзæхæй фæзмæ мæхи æруагътон. Фæлæ кæд æмге- 138
мæгуыр дæн, ме ’взаг дæр къуымых у, мæ зонд дæр цыбыр,— уæддæр дæ бауырнæд, ба, мæ мад, æз дæ иунæг фырт, дæ бæлц- дон хъæбул кæй дæн, уый!.. Уæд мад ныккуыдта æмæ йæ фæрсы. — Дæ ном та цы хуины, уазæг? — Рашид (ома, хæларзæрдæ),— загъта уазæг. — Уæдæ уый у, æмæ дæ ныхас дæр ма уадз, стæй мæм дæ хъус дæр дар, Рашид,— загъта йæ мад,— дæ дзырдтæй мын мæ зæрдæ лыстæг кæрдæнтæ скодтай. Дысон цыма фыны мæ сæры хил урс-урсид адардта. Авд азы цæуы, кæуынæй арвы рухс куы- иæуал уынын мæ дыууæ цæстæй. Зæгъ мын, дæ хорзæхæй, йæ хъæлæсы хатт мæ иунæджы хъæлæсы хаттимæ ивддзаг кæмæн фæуыдзæн, кæд æрбацæудзæн мæ фырт? Дыууæ хатты йæ кæугæйæ бафарста зæронд ус. Бæргæ йыи дзырдта, йæ фырт кæй у, фæлæ йæ кæм уырны. Уæд дзы чысыл фæстæдæр куры: — Куыд фехъуыстон, уымæ гæсгæ ардæм æввахс ис чындз- æхсæв: бар мын ратт, æд фæндыр уырдæм куыд бацæуон, мæ хо та мын хицон куыд фæуа. Æз дын фæзардзынæн, фæхъаздзынæн æмæ кæй бакусон, уый та нын дыууæ ’мбисы. — Нæ ратдзынæн,— дзуапп радта зæронд ус,— мæ фырт кæ- дæй нал пс, уæдæй фæстæмæ йæ сааз нæ хæдзары къæсæрæй дæр нæма ахызт. Ашик ард хордта, сомы кодта,— иунæг тæн дæр дзы кæй пæ ’фæзиан кæндзæн. — Кæд æмæ йыл чысыл зиан æрцæуа, уæд мæ ис-мæ бон <сымах. Зæронд ус ын йæ хордзен æрысгæрста, æмæ хордзен сызгъæ- ринтæй йæ былтæм куы разынди, уæд ын сааз радта. Чындз- хонты хъæр æрвнæрæгау цы хæдзарæй хъуысти, уырдæм æй й’е хо бакодта, бацыд уазæг мидæмæ, хо йæхи æрурæдта дуармæ æмæ хъахъхъæны йæ уазæджы митæ. Уыцы хæдзары царди Магул-Мегери, уый цыди Хуршуд-Бек- змæ чындзы. Хуршуд-Бек æд хæстæг, æд æввахс хъæлдзæгæй тминас кодтой чындзæхсæвы. Магул-Мегери та бадти чадоайы йе ’мгæрттнмæ,— йæ ну къухы марджы къус, аннæйы та цыргъ хъама: уый ард бафæрæзта, Хуршуд-Бечы хуыссæнуатмæ йæхи удæгасæй кæп нæ æруадздзæн, уый тыххæй. Уалыимæ йæм æр- байхъуыст æнахуыр уазæджы дзурын: — Салам-алейкум! Хорз адæм, сымах минас кæнут ацы ран, ■мæнæ уын æз та — мæгуыр уазæг, хынцинаг уазæг, сбадын мæ кæнут уе ’мвынг, æз та уæ хъæлдзæг бакæндзынæи иучысыл мæ -фæндырæй. — Уазæг — Хуыцауы уазæг,— загъта Хуршуд-Бек,— дæ хор- 139
зæхæй, æрбад; хъуамæ ардæм дуар гом уа кафджытæ ’мæ зар- джытæн, чындзæхсæв дзы куы ис. — Азар, азар, ашик (фæндырдзæгъдæг), æмæ дæ æз дзаг- армæй арвитон. Стæй йæ фæрсы Хуршуд-Бек. — Дæ ном та цы хуины, уазæг? — Шинди-герусез (ома, тагъд æй базондзыстут.) — Уый та цавæр ном у? — хъæрæй бахудт Хуршуд-Бек,— уыйбæрц фæцардтæн, фæлæ ахæм ном нæма фехъуыстон. — Гуыбыны ма куы уыдтæн, мæ мад аргæ-арыны куы тыхст, уæд-иу бирæтæ нæ сыхæгтæй нæ дуармæ æрбалæууыдысты фæр- сынмæ: чызг æви лæппу радта хуыцау? Æмæ сын-иу дзуапп радтой: шинди герусез — ома, тагъд æй базондзыстут. Уымæ гæсгæ мæныл сæвæрдтой мæ райгуырæн сахат ахæм ном. Стæй сааз райста æмæ зарынтæ байдыдта. — Галаф сахары нуæзтон мысыйраг сæн, фæлæ мын Хуыцау базыртæ радта, æмæ æртæ бонмæ æрхæццæ дæн ардæм. Хуршуд-Бечы зондхъуаг æфсымæр хъама фелвæста æмæ фæхъæр кодта: — Мæнг дзурыс! Уый та куыд, æмæ Галафæй ардæм æртæ бонмæ æруайай. — Маргæ мæ цæуыл кæныс? — загъта Ашик-Кериб,— арвьг цыппар фарсæй бæрæг ранмæ сæмбырд вæпйынц кадæггæн- джытæ; ницы уæ агурын — бар уæ ис: кæд уæ фæнды,— бауыр- нæд уæ, кæд уæ нæ фæнды — ма уæ бауырнæд. — Мама йæ хъыгдар, уадз æмæ зара,— загъта сиахс, æмæ Ашик-Кериб ныззарыди. — Мæ райсомы намаз скодтон Арзинианы лæнкауы, сихоры намаз — Арзерумы, мæ йечынды уыдис Хъарсы, ме '’зæры на- маз та Калачы. Хуыцауы бафæндæд, мæ уд нывонд куыд феста урс бæхæн; уый уади бæндæнылкафæджы хуызæн, хохæй ком- мæ, комæй хохмæ. Нæ кæнæг Хуыцау базыртæ радта Ашикæн, æмæ ’ртахт уый Магул-Мегерийы чындзæхсæвмæ. Магул-Мегери уымæн бæлвырдæй куы раиртæста йæ хъæ- лæс, уæд марг иуырдæм фехста, хъама та иннæрдæм. — Дæ ард цæй хорз сæххæст кодтай,— загъта йын йе ’мгар,—ахсæв Хуршуд-Бечы хай кæй, бадæ, уый гуырысхойаг нал у. — Сымах ницы бамбæрстат, фæлæ æз базыдтон мæ уарзоны йæ зардæй,— дзуапп радта Магул-Мегери, хæсгард рапста æмæ дзы чадра дыууæ ахауын кодта. Куы ракаст, бæлвырдæй куы базыдта, Ашик-Кернб кæй у. уый, уæд фæхъæр ласта, йæ хъуырыл æртыхсти, æмæ дыууæ- дæр фæуадзыг сты. 140
Хуршуд-Бечы æфсымæр сæ уæлхъус хъамалвæстæй фестад æмæ сæм куыд æрхъавыди, афтæ йыл Хуршуд-Бек фæхæцыд æмæ загъта: — Фæсабыр у æмæ уый бамбар,— адæймагæн йæ рангуырæн сахат йæ ныхыл фыст цы ’рцæуа, уымæн ын нæй æнæ бавзаргæ. Куы æрчъицыдта Магул-Мегери, уæд æфсæрмæй сырххъулон афæлдæхт, йæ къухтæй амбæрзта йæ цæсгом æмæ чадрайы фæс- тæ амбæхсти. — Ныр, Ашик-Кериб кæй дæ, уый бæлвырд у,— загъта сп- ахс,—фæлæ-ма’нын радзур, дæ хорзæхæй, уыйбæрц дард фæн- дагыл афтæ тагъд куыд æруадтæ? — Раст кæй сты мæ дзырдтæ, уымæ гæсгæ мæ кард дур дыууæ дихы фæкæндзæп; кæд æмæ мæ ныхæстæ мæнг сты, уæд мæ къубал тæбыны халæй нарæгдæр фестæд. Фæлæ се ’ппæташ хуыздæр—баздæхут æмæ мæм æрбахонут, авд азы йæ къахвæндаг чи нал уыны, ахæм сылгоймаджы, æмæ йæ æз ракæсын кæндзы- нæн. Ашик-Керибы хо лæууыди фæсдуар æмæ уыцы ныхас куы айхъуыста, уæд азгъордта йæ мадмæ. — Нана!—зæгъгæ, йæ дзыхы дзаг фæхъæр кодта,— уый бæлвырдæй дæр ме ’фсымæр æмæ дæ хъæбул у, Ашик-Кериб! — йæ къухыл ын фæхæцыди æмæ йæ чындзæхсæвы балæууын кодта. Уæд Ашик-Кериб райста йæ ронæй сыджыты къуыбар, до- нимæ йæ азмæста, куырм усы цæстытæ дзы айсæрста æмæ ма загъта: — Бауырнæд уæ алкæйы дæр, мæнæ хорз адæм, цæйбæрц барджын æмæ стыр у сызгъæрин Уастырджи! — æмæ йæ мад уынын байдыдта арвы рухс. Уыйфæстæ ма кæй нæ бауырныдтаид йæ дзырдты æцæгдзи- над: Хуршуд-Бек та йын радта йæ рæсугъд Магул-Мегерийы. Уæд æм Ашик-Кериб дзуры хъæлдзæгæй: — Æрбайхъус мæм, Хуршуд-Бек, æз дын дæ зæрдæ срухс кæнон. Мæ хо, фидыд цы чызджнмæ уыдтæ, уыцы чызгæй мæ- гуыраудæр нæу; æз дæр, Хуыцауæй бузныг, мæгуыр нал дæн; мæ хомæ æвзпст æмæ сызгъæрнн къаддæр нæ разындзæн, ба- фидаут æмæ хайыр ут кæрæдзийæн, æз æмæ Магул-Мегерийы хуызæн.
МАХ РÆСТÆДЖЫ СГУЫХТ ЛÆГ с^4^з
ФЫЦЦАГ ХАЙ I БЭЛÆ Посты ивгæ бæхтыл æз цыдтæн Калакæй. Дзаумайæ мæ уæрдоны уыдис æрмæст иу чысылгомау чумæдан, кæцы йе ’мби- сы онг дзаг уыдис фæндаггон фыстытæй Гуырдзыстоны тыххæй. Фыстытæн сæ фылдæр хай, сымах амондæн, фесæфтис, чумæдан та иннæ дзауматимæ, мæхи амондæн, æнæхъæнæй баззадис. Хур йæхи æмбæхсын байдыдта митрагъы фæстæ, æз Къай- сауырты астыммæ куы рахызтæн, уæд. Мæ бæхтæрæг, ирон лæг, æвæлмæцгæ тардта йæ бæхтæ размæ, рухсæй Къайсауырты хо- хæй цæмæй фæуæле уыдаиккам, уый тыххæй, æмæ йæ хъæлæс цас амыдта, уымæй зарыдис. Цы диссаджы ран у, æвæдза, уы- цы астым! Алырдыгæй — бæрзонд хæхтæ, сырхбын къæдзæхтæ, сæ фæрстыл — цъæх мæцкъор зæбултæй, сæ цъуппытыл—тæрс бæлæстæ дзыгуыртæй, сахатæ кæй скъахтой, ахæм бур къардиу- тæ, уыдон сæрмæ — бæрзонд, хæрзбæрзонд — миты зæрин хау- тæ, дæлæ бынæй кæмдæр та Арагви, мигъæй дзаг сау комæй. тыхджын уынæримæ чи згъоры, иу ахæм æндæр æнæном чысыл цæугæдон йæ хъæбысы бакæнгæйæ, хæрдгæйы тагæй адаргъ ис комы æмæ ирд æрттивы, калм йæ хæрвæй куыд æрттива, афтæ. Къайсауырты хохы рæбынмæ куы бахæццæ стæм, уæд нæ уæрдон баурæдтам духаны6 раз. Ам дзыгуырæй лæууыдысты æмæ кодтой уынæр гуырдзиæгтæ æмæ хохæгтæ иу-ссæдзæй; уырдæм æввахс æрæнцадис æхсæвиуат кæнынмæ теуаты бал. Мæн хъуыди галтæ баххуырсын мæ уæрдрн уыцы фыдбылызы хохæй фæуæлбыл кæнынæн, уый тыххæй æмæ уыди фæззæг æмæ кæлæх, цъæрæхснæгæй зæхх ныддæвдæг ис, уыцы хохæн та йæ дæргъ у иу-дыууæ версты бæрц. Цы гæпæн уыдис, æз баххуырстон æртæ цæды галтæ æмæ цалдæр ироны. Уыдонæй иу йе ’ккой скодта мæ чумæдан, иннæ- Хæрæндоны. 143
тæ та райдыдтой æххуыс кæнын сæ галтæн, фæлæ, раст зæгъ- гæйæ, æххуыс кодтой æрмæст хъæрæй. Мæ уæрдоны фæстæ цыппар галы хæрзрогæн ластой æндæр уæрдон, кæд уый дзаумайæ цъупдзаг уыдис, уæддæр. Днссаг мæм фæкастис уыцы хъуыддаг. Йæ фæстæ цыди йæ хицау, æв- зистæй арæзт чысыл кæсгон лулæйæ тамако пъæртгæнгæ. Иæ уæлæ уыдис афицеры сюртук æнæ пъалеттæй æмæ хæххон хъуын- джын худ. Бакæсгæйæ йыл цыдис иу-фæндзай азы, йæ сау- лагъз цæсгомыл бæрæг уыдис, уый фæскавказы хуримæ раджы кæй фемхиц ис, уый; афонæй раздæр ын чи сурс ис, уыцы ри- хитæ нæ уыдысты йæ сахъ æмæ йæ сæрæн хуызмæ гæсгæ. Æз æм хæстæг бацыдтæн æмæ йын мæ сæрæй акуывтон; уый дæр мын æнæсдзургæйæ йæ сæрæй акуывта æмæ стыр фæздæджы къуыбылой рауагъта йæ дзыхæй. — Æнхъæлдæн æмæ мын ды æмвæндаггон уыдзынæ?— дзу- рын æм æз. Уый та æнæсдзургæйæ йæ сæрæй æркуызта. — Ды, æвæццæгæн, Стъараполмæ цæуыс? — Æнæмæнг афтæ... къазнайы дзауматимæ. — Зæгъ-ма мын, табуафси, ай цавæр хабар у: дæуæн дæ дзаг уæрдон цыппар галы сæ сæртæй хъазгæ куы ласынц, уæд мæнæн мæ афтид уæрдон æхсæз галы, ацы ирæттæ дæр семæ, афтæмæй, тыхамалтæй цæмæн ласынц? Уый йæ мидбылты хннгомау бахудтпс æмæ мæм æмбарæн каст æрбакодта. — Æвæццæгæн, ды æрæгæй нырмæ дæ Кавказы? — Иу афæдзы бæрц,— загътон æз. Уый та дыккаг хатт бахудт йæ мндбылты. — Цæмæн мæ фæрсыс? — Афтæ дæ фæрсын; æнæгъдау фæлывд сты ацы азиæгтæ! Ды хæрзаг зæгъыс, æмæ адон галтæн сæ хъæрæй исты æххуыс кæнынц? Æниу цы хъæр кæнынц, уымæн чи цы зоны? Фæлæ сæ галтæ хорз æмбарынц; ссæдз дæр дзы сифтындз, уæддæр сыл куы сæйтт-æйтт кæной сæхирдыгонау, уæд сыл фæнды топп ныц- цæв,— размæ дын иу къахдзæф дæр нал акæндзысты... Хинæй семдзаг сты! Æниу сæ агургæ дæр цы бачындæуа!.. Сæ уд, сæ дзæцц — цæуджыты стигъын... Къулбадæг ахуыр сæ скодтой, фæлитойты! Фендзыстут, иоджы ма уæ арахъхъæн æхца куыд айсдзысты, уый. Æз сын сæ ахаст хорз зонын, мæн нæ асай- дзысты! — Ды ам рагæй службæ кæныс?.. — О, æз дзы Алексей Петровичы7 заманы дæр куыстон,— Ермоловы. 114
загъта уый, аив, гуырвидауц лæуд акæнгæйæ.— Уый Хæстон Хахмæ куы ссыдйс, уæд æз уыдтæн подпоручик, дыууæ цилы та уый цур райстон, хæххон адæмтимæ хæстон хъуыддæгты кæй фæдæл, уый тыххæй,— бафтыдта уый йæ ныхæстыл. — Ныр та ды?.. — Ныр та дæн æртыккаг фистæг батальоны. Ды та, бафæр- сын аипп ма уæд, фæлæ?.. Æз дæр ын загътон. Нæ ныхас ууыл ахицæн ис, нæ^дыууæ дæр фæрсæй-фæрстæм æнæдзургæйæ нæ цыды кой кодтам. Хохы сæрыл мах ссардтам мит. Хур аныгуылдис æмæ боны фæстæ æнæфæхъурæй8 уап- тагъд ралæууыд æхсæв, хуссары кæддæриддæр куыд вæййы, афтæ; фæлæ миты ирдмæ уæддæр нæ развæндаг дзæбæх иртæс- там. Фæндаг кæд уæлæмæ цыдис, уæддæр афтæ хæрд нал уы- дис. Æз мæ чумæдан уæрдоны сæвæрын кодтон, галты аивын кодтон бæхтæй æмæ ма фæстаг хатт акастæн бынмæ — дæлвæз- мæ; фæлæ, æвиппайды кæмттæй фæплаугæ чи æрбакалдис, уы- цы бæзджын мигъ æй бынтондæр бамбæрзта, æмæ нæм дзы иу сыбыртт, иу хъæр уæлæмæ нал хъуыстис Ирæттæ хъæлæбагæп- гæ мæ алыварс цæлхæмбырд аисты арахъхъы аргъ кургæйæ, фæлæ сыл штабс-капитан ахæм богъ фæласта, æмæ цæсты- ныкъуылдмæ цыдæр æрбаисты. — Ахæм адæм нпкуы ис, ннкуы! — загъта уый,— уырыссагау кæрдзыны ном зæгъын дæр нæ зонынц, афтæмæй, «афицер, дай на водкæ!» базыдтой. Мæнмæ гæсгæ, тæтæр адонæй хуыздæр сты, уыдон нуазгæ уæддæр нæ кæнынц... Станцæмæ ма нæ хъуыдис иу версты бæрц. Бæстæ алырды- гæй уыдис æнцад, афтæ æнцад, æмæ къогъойæн йæ дыв-дъшæй бæрæг уыдис, чердæм тахтис, уый. Галиуырдыгæй сау-сауид дардта арф ком, комы фæстæ æмæ нæ размæ тарцъæх хохы цъуппытæ æнхъырдтæ, къæхтытæй, митдзар æвæрдтæй зындыс- ты арвы фæлурс дæлбазырæй, зæрæхсид ма-иу фæстаг æрттывд кæцæй фæкодта, уырдыгæй. Тар арвыл райдыдтой зыпын стъа- лытæ æмæ, диссаг цы уыди, афтæ мæм касти, цыма ам, махмæ, цæгатæй, уыдон бирæ уæлдæр лæууынц арвыл, уыйау. Фæнда- джы фæйнæфарс хъентæ-ментæй лæууыдысты гæмæх, сау дур- тæ; ранæй-рæтты миты бынæй хæрдмæ кастысты къудзитæ, фæ- лæ сæ хус сыфтæртæй иунæг дæр не змæлыдис; æхсызгон уы- дис æрдзы мæрдон фынæйы сахат фæллад посты бæхгы хуыр- рытт æмæ уырыссаг тройкæйы мыр-мырæджы сæртæг дзыгъал- мыгъул хъусын. 8 Æнæ фæкъуылымпыйæ. 10 М. Ю. Лермонтов 145
— Райсом хорз бон уыдзæн! — загътон æз. Штабс-капитан мæм ницы сдзырдта, фæлæ мын йе’нгуылдзæй ацамыдта, æр- мæст нæ комкоммæ бæрзонд цы хох фæцыди, уымæ. — Уый циу? — зæгъгæ, йæ бафарстон æз. — Хъуды хох. — Гъемæ цы? — Кæс-ма йæм, йæ тæф куыд кæлы. Æмæ æцæг. Хъуды хохæн калди йæ фæздæг; йæ фæрстыл хæрдмæ хылдысты æврæгътьь рог цъуппытæ, йæ тæккæ сæрыл та бадтис ахæм сæнтсау мигъ, æмæ тар арвыл зынди стъæлфы хуызæн. Мах райдыдтам дзæбæх иртасын посты станцæ, йæ алфам- былай цы агъуыстытæ уыди, уыдон уæлхæдзæрттæ, æмæ ферт- тывтой фыццаг рухсытæ, уымæл, уазал дымгæ куы ’рбафутт кодта, ком куы сгуыв-гуыв кодта, æм& лыстæг уарын куы рай- дыдта, уæд. Мæ нымæт ма мæ уæлæ æппæрст бафæрæзтон, аф- тæ ныккалдта мит. Æз кадæнгæсæй бакастæн штабс-капитанмæ. — Ахсæв нæ ам лæууын бахъæудзæн,— загъта уый хъын- цъым кæнгæйæ,— айхуызæн тымыгъы хæхтыл нæ ахиздзынæ. Цымæ Дзуары æфцæгыл зæйтæ уыдис? — бафарста уый бæхтæ- рæджы. — Нæ уыдис, господин, фæлæ дзы ауындзæгæй лæууы бирæ,. бирæ,— зæгъгæ, йын радта дзуапп ирон бæхтæрæг. Цæуджытæн станцæйы хицæн уат кæй нæ уыдис, уымæ гæс- гæ мах акодтой хуыссынмæ иу фæздæгджын хæдзармæ. Ме ’мбалæн загътон, цом мемæ цай бацым, зæгъгæ, уый тыххæй æмæ мæм уыди — Кавказы балцы цæугæйæ стыр удæнцойæн — иунæг цæнгæт цайдан. Хæдзарæн йæ иу фарс уыдис къæдзæхыл ныхæст, йæ дуары размæ та æртæ бырынцъаг, мæцъæл асины къæпхæнз^т. Куырмæ- джы къуырццытæгæнгæ бацыдтæн æмæ æвиппайды хъугыл мæ- хи сцавтон (ацы адæмæн се скъæт у лакейты уат дæр). Цы ма фæуыдаин, уымæн ницыуал зыдтон: иу ранæй фыстæ уасынц, иннæ ранæй куыдз хъырны. Мæ амондмæ гæсгæ фæскъуымæй мынæг рухс ферттывта æмæ уый руаджы ссардтон æз æндæп хуынкъ, дуары хуызæн. Тынг диссаг уыдис уырдыгæй бакæсын: йæ уæлхæдзар æнцадис дыууæ сæгдзыд цæджындзыл, ахæм уæ- рæх хæдзар уыдис адæмæй йедзаг. Астæуæй, зæххыл, къонайы сыгъдис арт, къæрццытæгæнгæ, æмæ дымгæ цары рудзынгæй бынмæ фæстæмæ цы фæздæг цавта, уый ахæм бæзджын фæл- мæй бадти хæдзары, æмæ иудзæвгар мæ алфамбылай мур ницы уыдтон; арты фарсмæ бадтис дыууæ зæронд усы, бирге сывæл- лæттæ æмæ иу къæсхуыр гуырдзиаг лæг, сегас дæр бызгъуырты мидæг. Гæнæн нал уыдис, мах дæр арты фарсмæ æрбадтыстæм, 146
ссыгътам нæ лулæтæ, æмæ уалынмæ нæ цайдан дæр рæдау сыр- сыр кæнын байдыдта. — Тæригъæддаг адæм!—загътон æз штабс-капитанæн нæ чъизи фысымтæм амонгæйæ, уыдон дæр нæм æнæдзургæйæ кастысты, куыддæр джихтæгæнгæ. — Хæрзæдылы адæм!—дзуапп радта уый.— Уырны уæ? Мур ницæмæ арæхсынц, ничердыгон ахуырдзинадмæ рæвдздæр сты! Уый æмæ дын нæ кæсæг, кæнæ цæцæн, кæд цыфæнды абырджытæ æмæ цыфæнды мæгуыр сты, уæддæр, сæ мад амæ- ла, сахъ адæм сты; адон та хæцæнгæрзтæм дæр разæнгард не сты: адæмы хуызæн хъама дзы иу лæгыл нæ фендзынæ. Иу- дзырдæй — æцæг ирæттæ! — Æмæ ды бирæ фæдæ Цæцæны? — О, фæдæн дзы иу-дæс азы, лæууыдтæн мæ ротæимæ фи- дары, Дурджын донауайæн, зæгъгæ, уый цур,— зоныс æй? — Фехъуыстон. — Чысыл нæ не сфæлмæцын кодтой уыцы сæрлыггæнджы- тæ! Ныр, хуыцауæй бузныг, фæсабырдæр сты; фыццаг та-иу быруйæ сæдæ санчъехы æддæдæр ацыдтæ, зæгъгæ, уæд-иу хъуынджын хæйрæг хъуамæ искуы дæ размæ бадтаид æмæ дæ хъахъхъæдтаид: гыццылдæр хæлиудзыхæй аззадтæ, зæгъгæ, уæд, дæ фыдгул афтæ, кæнæ архъан де ’фцæджы уыдаид, кæннод та нæмыг дæ къæбуты ныссагъдаид. Сахъ адæм сты, ныу- уадз!.. — Хæрзаг бирæ цъысымты фæдæ ды?—загътои æз цымы- дисæй. — Куыд нæ! бæгуыдæр фæдæн... Ацы ныхæстæм уый байдыдта тонын йæ галиу рихи, йæ сæр æруагъта йæ риумæ æмæ хъуыдыты аныгъуылд. Мæн тыхджын фæндыдис,— балцы чи вæййы æмæ хабæрттæ чи фæфыссы, уыцы адæмæн сегасы дæр куыд фæфæнды, афтæ,— исты диссаг хабар дзы куы рафæлгъуыдтаин, уый. Уалынмæ нæ цай дæр сцæттæ ис, æз систон мæ чумæданæй дыууæ фæндаггон агуывзæйы, цай сæ æркодтон æмæ дзы иу æрæвæрдтон уый раз. Уый дзы схуыпп кодта, стæй загъта, цыма хинымæры дзырдта, уыйхуызæн: «О, фæдæн!» Уыцы ныхасæй æз фæныфсджын дæн æмæ дзы мæхи- цæн зæрдæ бавæрдтон. Æз зонын, зæронд кавказæгтæ ныхас кæнын, хабæрттæ дзурын тынг кæй уарзынц, уый; афтæмæй, стæм хаттæй фæстæмæ, уый сæ къухы не’фты: иуæй-иу фæлæу- уы йæ ротæимæ искуы фæсвæд ран æмæ йын æнæхъæн фæндз- гай азтæ нæ вæййы æгас цæуай зæгъæг (уый тыххæй, æмæ йын фельдфебель фæзæгъы æрмæст: æнæниз у). Афтæмæй сæм ны- хасагæй фылдæр та цы вæййы: алырдыгæй хъæддаг, цымыдисаг адæм; алыбон дæр—тас, цæуы алы диссаг хабæрттæ, афтæмæй, 147
ай-гъай, хъыгаг у, уыцы хабæрттæ нæм афтæ чысыл кæй фыс- сынц, уый. — Дæ цайыл дæ ром æркæнын фæнды? — бафарстон æз ме ’мбалы,— мæнмæ ис урс калакаг ром; ихæн у ныр. — Нæ, бузныг, нуазгæ нæ кæнын. — Цæуылнæ уæд? — Афтæ. Сомыгонд дæн. Подпоручик ма куы уыдтæн, уæдг зоныс, æмгæрттимæ иухатт æгæр фæразуæз стæм; уалынмæ æх- сæвы фæдис фæцыдис, мах уыцы хуызæнæй фронты æрлæууы- дыстæм хъæлдзæгæй, куыддæр нæ Алексей Петрович базыдта, афтæ нын, ды дæр ма немæ уыдаис, нæ хъуын ацагъта, и: хуы- цау ма зæгъæд, куыд нæм смæсты ис! Чысыл ма бахъæуа, тæр- хондонмæ нæ радта. Æмæ уæвгæ диссаг дæр нæу: цæрыс цал- дæр азы иунæгæй лæгæты цæрæгау, никæй уынгæ кæныс, никæй æндæр, афтæмæй ма ноджы арахъхъ, уæд ма лæгæн сæфынæн æндæр цы хъæуы! Уыцы ныхæстæ куы фехъуыстои, уæд ыл мæ зæрдæ уыйас нал дардтон. — Зæгъæм черкестæй,— дзырдта уый дарддæр: буза9 куы ныххырхынц чындз хæсгæйæ кæнæ хисты, уæд, гъæйдæ-мардзæ, кæрæдзийы цъыччытæ сисынц. Иухатт ма тыххæй мæ къæхты руаджы раирвæзтæн, афтæмæй та хуынды уыдтæн сабырдзæрæг кънйазмæ. — Гъы, æмæ уый афтæ куыд рауадис? — Куыд, куы зæгъай (йæ лулæйы тамако ныннадта, хорз дзы нылвæс кодта, стæй райдыдта ныхас кæнын),— уæд, цæвит- тоны хъуыддагæй, æз лæууыдтæн иурæстæджы мæ ротæимæ Терчы фаллаг фидары,— уæдæй цæудзæн ныр фондз азмæ ’ввахс. Иухатт фæззæджы æрбацыд фидармæ хæринæгты чы- рæ, чырæпмæ уыдис иу æрыгон афицер, цыдаид ыл афтæ иу- фондз æмæ ссæдз азы. Йæ формæ æххæстæй йæ уæлæ, афтæмæй мæм æрбалæууыд æмæ мын загъта, æз цы фидары уыдтæн, хи- цæуттæ уый дæр уым лæууын кæнынц, зæгъгæ. Уый уыдис ахæм хæрзнарæг, урсцъар; йæ уæлæ ахæм дзыхъхъынног мундпр уы- дис, æмæ æз уайтагъддæр бамбæрстон, Кавказы æрæгæй ардæм кæй уыдис, уый. «Ардæм дæ, æвæццæгæн, Уæрæсейæ сивтой?», ^æгъгæ, йæ бафарстон æз.— «Раст афтæ у, господин штабс-ка- питан»,— зæгъгæ, дзуапп радта уып.— Æз ын йæ къух райсгоп æмæ загътон: «Тынг æхсызгон мын у, тынг æхсызгон. Æцæг, иучысыл хъыг кæндзынæ... фæлæ ницы кæны, уыйас нæ дыууæ пумæ цæрдзыстæм хæларæй. Стæй, дæ хорзæхæй, хон мæ æр- мæст Максим Максимыч, стæй дын, дæ хорзæхæй, ацы æххæст 9 Махсымæ. 143
формæ дæр циу? цу мæм кæддæриддæр дæ сæрыл тъæпæн худ æркæнгæйæ».— Фатер ын радтой, æмæ уый æрцарднс фидары. — Хонгæ та йæ куыд кодтой уæд? — бафарстон æз Максим Максимычы. — Хуыдтой йæ... Григорий Александрович Печорин. Иттæг хорз лæппу уыдис, баууæнд мыл, æцæг æм чысыл æнахуыр ми- тæ дæр уыдис. Зæгъæм, къæвдайы, уазалы-иу бонсауизæрмæ цуаны фæхатт; иннæтæ-иу ныргъæвстысты, бафæлладысты,— уый хъуыды дæр ницы кодта. Хаттæй-хатт та-иу бадтаид пæ уаты, æмæ, гыццылдæр ыл дымгæйы уддзæф амбæлдис, зæгьгæ, уæд-иу дзурын байдыдта, уазал мæ бацыдис, зæгъгæ; фæрсаг- ку ныггуыпп кодта, зæгъгæ, уæд-иу хæрдмæ фæхаудис æмæ-ну ныффæлурс ис, афтæмæй та мæхи раз хъæддаг хуымæ бацыдис лæгæй-лæгмæ, хъазуаты; афтæ-иу уыд, æмæ-иу дзы сахатгай нунæг дзырд сарт æмæ мысалгъæй дæр не скъахтаис, фæлæ-ыу гъеныр фæкъæртт ис, зæгъгæ, уæд та-иу адæмы артæн хæлттæ кодта фырхудæгæй... О, бирæ æнахуыр митæ йæм уыд, стæй хъæздыг лæг дæр уыди, æвæццæгæн: алы зынаргъ лыстæг дзау- майæн æм ныккæнæн дæр нæ уыдис! — Æмæ уемæ бирæ фæцардис? — зæгъгæ, ,та йæ бафарстон æз. — Афæдзмæ ’ввахс. Фæлæ мæ, æвæццæгæн, æмæ мæрдты дæр мæ ферох уыдзæн уыцы афæдз, уыйбæрц сæрниз мын скодта, мæрдты мæ ма схъæрзæд, фæлæ!.. Раст зæгъын хъæуы, ис ахæм адæм, æрдзæй афтæмæй чи рацæуы, æмæ сыл царды мидæг хъуамæ алы æрдхæрæн, алы æвирхъау митæ цæуа! — Æрдхæрæн, æвирхъау, и? — цымыдисæй фæхъæр кодтон æз, йæ агуывзæйы йын цай кодтоп, афтæмæй. — Мæнæ дын æз уый тыххæй ныртæккæ радзурдзьыæн. Фи- дарæй иухатт æхсæз версты æддæдæр уыдаид, афтæ цардис, не- мæ лымæн чи уыд, ахæм кънйаз. Иæ фырт, иу-фынддæсаздзыд лæппу, фæцахуыр нс махмæ цæуын: æрвылбон нæм бæхыл цы- дис куы цæй æфсон, куы цæй æфсон. Æз æмæ йæ Грпгорий Александрович æгæр къулбадæг ахуыр дæр ма скодтам. Йæ фыдуагæн æмбал нæ уыдпс, афтæмæй арт, æвзыгъд алцæмæ дæр: уайгæ-уайын уæлбæхæй худ фелвасынмæ зæххæй, топп æх- сынмæ зæгъай. Æцæг æм иу хъуыддаг хорз нæ уыд: æгæр уыдпс æхцамæ æмхпц. Иухатт ын Григорий Александровпч хъазгæпæ зæрдæ сæвæрдта: туман дын ратдзынæн, æмæ мын дæ фыды нæлсæгътæн сæ тæккæ хуыздæры æрлас, зæгъгæ; æмæ куыд æнхъæл дæ? дыккаг æхсæв æй йæ дыууæ сыкъайæ æрцæу-ца-у кодта. Науæд-иу æй мæстæймарынвæнд скодтам, зæгъгæ, уæд- ну йæ цæстытæ туджы разылдта æмæ-иу уайтагъд йæ хъамайы сæрыл фæхæцыд. «Гъе, Азæмæт, уыцы сæр дæ уæлæ бирæ нæ 149
•фæхæсдзынæ,— фыд баййафдзæн дæ сæр, уый зон!» — зæгъгæ, йын дзырдтон æз. — Иухатт куы уыдис, уæд нæм зæронд кънйаз йæхæдæг æр- цыдис хонæг: йæ хистæр чызджы моймæ лæвæрдта, мах та йе- мæ лымæн уыдыстæм æмæ нын æдзæугæ нæ уыд, кæд тæтæйраг уыд, уæддæр. Араст стæм. Хъæуы ныл дунейы куитæ æрæмбырд сты æмæ рæйынæй бæстæ сæ сæрыл систой. Сылгоймæгтæ нæ куы ауыдтой, уæд сæхи ’мбæхсынмæ фесты; сæ- цæсгæмттæ фе- пын дзы нæ къухы кæмæн бафтыд, уыдон мæнæ рæсугъд, зæгь- гæ, кæй хонынц, æппындæр ахæмтæ нæ уыдысты. «Æз бирæ рæсугъддæр æнхъæл уыдтæн черкесаг сылгоймæгтæн»,— загъта мын Григорий Александрович.— «Багъæц!» — зæгъгæ, йын ба- кодтон æз, худгæйæ. Мæнæн мæ сæры уыдис хицæн хъуыды. — Кънйазы хæдзар байдзаг ис адæмæй. Азиаг адæмæн се ’гъдау афтæ у, æмæ чындзæхсæвмæ хонынц кæндæриддæр æнæ- юаргæйæ, кæуыл æмбæлынц, се ’ппæты дæр. Тыиг ныл бацин кодтой æмæ нæ акодтой уазæгдонмæ. Фæлæ мæнæй уæддæр нæ ферох, нæ бæхтæ нын кæм бабастой, уый фæфиппайын,— афтæ, цы нæ вæййы, зæгъгæ, уый тыххæй. — Гъы, æмæ-сæм уæддæр куыд вæййы чызг æртатгæйæ? — бафарстон æз штабс-капитаны. — Ницы дзы ис диссагæй. Молло сын фыццаг цыдæртæ ба- кæсы хъуыранæй; стæй уæд раттынц лæвæрттæ чызхæн, лæп- пуйæн æмæ сæ хæстæджытæн; хæрынц, нуазынц махсымæ; уый- ’фæстæ райдайынц бæхтыл хъазын; йæ сæдæ сойæдзаг зæбулы иу æндахыл хæцынц, кæддæриддæр иу ахæм барæг рагæпп ла- •сы, æмæ, гъæйдæ-мардзæ, райдайы йæ тæнтъихæг, къуылых бæхыл маймулийы кафт кæнын, уазджыты худæгæй марын, стæй куы фæизæрдалынгтæ вæййы, уæд уазæгдоны саразынц хъазт, махырдыгонау бал кæй хонынц, уый. Мæгуыр зæронд лæг хырттым-бырттым кæны æртæтæноныл... ферох мæ ис, уы- донмæ цы хунны, уый... иудзырдæй мæнæ махмæ балалайкæйы хуызæн. Чызджытæ æмæ лæппу фæсивæд ралæууынц дыууæ рæнхъæй кæрæдзи комкоммæ, æмдзæгъд кæнынц сæ къухтæн •æмæ зарынц. Уалынмæ рацæуынц иу чызг æмæ иу лæппу астæу- мæ æмæ заргæмхасæн дзурынц кæрæдзийæн, цыфæнды уæд, ис- чыхуызон æмдзæвгæтæ, иннæтæ сæ исынц уыдон дзыхæй æмæ сæ зарынц æмхуызонæй. Æз æмæ Печорин бадтыстæм буц, кад- джын ран; уалынмæ нæм æрбауад нæ фысымы кæстæр чызг, цыдаид ыл афтæ иу-æхсæрдæс азы, æмæ азарыд Печорпнæн... иæ зонын, куыд æй зæгъон?.. цыдæр æппæлæн ныхæстæ. — Æмæ йын уæддæр цы азарыдис, уый нал хъуыды кæныс? 1— Æнхъæлдæн æмæ мæнæ афтæ: «Нæ саг фæсивæд, дам, "хæрзконд сты, сæ куырæттыл хæрдгæбыдтæ, фæлæ, дам, уырыс- И50
саг афицер хæрзконддæр у, йæ хæрдгæбыдтæ дæр зæрин тагæй. Лæууы, дам, уый се ’хсæн гæдыбæласау, æрмæст, дам, нæ рæз- дзæн, дидинæг не ’фтаудзæн уый нæ дыргъдоны». Печорин сыс- тадис, акуывта йын, йæ къух авæрдта фыццаг йæ ныхыл, стæй йæ зæрдæйыл æмæ ракуырдта мæнæй, æз ын дзуапп куыд рат- тон йæ бæсты, афтæ: æз уыдонырдыгонау хорз зонын æмæ йын йæ ныхæстæ атæлмац кодтон. Чызг махæй куы ацыдис, уæд æз сындæггомау афарстон Григорий Александровичы: «гъы, куыд у?» «Уды къæртт! — загъта уый,— йæ ном та цы хуины?». «Иæ ном хуины Бэлæ»,— зæгъгæ, йын загътон æз. Æмæ æцæгдæр уый уыдис рæсугъд: бæрзонд, нарæгастæу, йæ цæстытæ раст хæххон сычъийы цæстытæ — сæнтсау, зæрдæ- мæ афтæ уыцы бырсæджы бырстой. Печорин хъуыдытыл фæцис æмæ чызгæй æппындæр йæ цæстытæ нал иста, уый дæр та йæм- иу уайтагъд йе ’рфгуыты бынæй фæкастис. Уæзгæ, иунæг Пе- чорин нæ кодта уарзон æхсызгон каст кънйазы рæсугъдмæ: уаты къуымæй ма йæм касти ноджыдæр æндæр, æнæзмæлгæ, судзгæ дыууæ цæсты. Æз æм мæ цæстызул дарын байдыдтон æмæ мын цы базонын хъуыд мæ рагон лымæн Казбичы. Уый та, цæвит- тоны хъуыддагæй, иуыл сабыртæй дæр нæ уыд, иуыл фыдуæгтæй дæр. Æнæууæнк ыл кодтой бирæ цæмæйдæрты, фæлæ йæм æр- гом къух бакæнæн ницæмæй уыдис. Хатгай-иу æртардта уый нæ фидармæ нæлфыстæ æмæ-иу сæ уæй кодта аслам, æрмæст фæлтæрæн ннкуы кодта: цы аргъ скодтаид, уый пын хъуамæ раттаис, акъæртт æй кæн,— асламдæр нæ фæкодтаид. Дзырдтой дзы, абырджытимæ балцы цæуаг у Кубаны доны фалемæ, зæгъ- гæ, æмæ уымæн йæ уындæй дæр, раст зæгъгæйæ, бæрæг уыдис,. абырджытæн сæ тæккæ налæттæй кæй у, уый: гыццыл, тæнæг, уæхскджын... Уæд арæхсынмæ та куыд уыд... хæйрæг, хæйрæг! Иæ куырæт алыхатт дæр уыди пырхытæ, æмпъызтытæ, йæ гæрз- тæ та æвзистæй æмæхгæд. Йæ бæхы кой айхъуыст æгас Кæсæ- гыл — æмæ, æцæг, йæхицæй хуыздæр хайуанæн скæнæн дæр ма нæ уыд. Хуымæтæджы йæм нæ тадысты сæ цæсты фчутæ хуыздæр барджытæн æмæ йæ иу æмæ дыууæ хатты дзæгъæлы нæ фæлвæрдтой давынмæ, æрмæст сæ къухы не ’фгыдис. Гъе- ныр дæр цыма мæ цæстыты раз ис,— писнйы хуызæн сæнтсау, йæ къæхтæ фæндыры тæнтæ, йæ дыууæ цæсты дæр Бэлæйы цæс- тытæй цауддæр нæ уыдысты; уæд куыд домбай уыдис! фæнды йыл 50 версты фæуай: æрмахуыр куыдзæй цы кæныс йæ хицауы фæстæ уайынмæ; йæ хъæлæсы хатт дæр ын зыдта! Фылдæр’ хатт æй бæтгæ дæр нæ кодта! Ахæм абырæджы бæх кæм уы- дис!.. Уыцы изæр Казбич уыдис иннæ хæттытæй æрхæндæгдæр^ 151
æмæ йыл ауыдтон йæ куырæты мидæгæй згъæр хæдон. «Дзæгъæлы нæй йæ уæлæ уыцы згъæр,— загътоп æз хиньт- мæр,— сыгъдæгæй дæр цыдæр фыдбылыз аразы». Хæдзары уыдис æнуд, æмæ æз рацыдтæн кæртмæ дымгæма*. Æхсæв хæхтыл æруагъта йæхи, æмæ мигъ кæмтты рахил-бахил кæнын байдыдта. Мæ зæрды æрæфтыд, нæ бæхтæ баст кæм уыдысты, уыцы табкамæ бауайын, фенон, холлаг сын ис æви нæй, зæгъгæ, стæй «фидары мад нæ кæуы» фæзæгъынц; мæнмæ та хорз бæх уыдпс æмæ йæм иу æмæ дыууæ кæсгоны хæлæг цæстæй нæ каст, æмæ пæ дзырдта: «Якши тхе, чок якши»10. Быруйы фæрсты фæцæуын æмæ хъусын æвиппайды кæйдæр ныхас: иуы дзы уайтагъд пæ дзурынæй базыдтон: уый уыднс пæ фысымы фырт, Азæматы фыдуаг; иннæ ныхас кодта къад- дæр æмæ сабырдæр. «Цымæ сæ ныхас цæуыл у? — ахъуыды кодтон æз мæхинымæр: «Мæ бæхыл ма фæнд кæнæнт?» Æрбад- тæн быруйы рæбын æмæ сæм биноныг хъусын, иунæг ныхас дæр мæ куыд нæ аирвæзтаид, афтæ. Иуæй-иу хатт-иу, зарыны хъæр æмæ адæмы хъæлæба хæдзарæй райхъуысгæйæ, фæмынæг код- той уыцы сусæг æхсызгон ныхас, æмæ-иу дзы ницыуал айхъуыс- тон. — Диссаджы хорз у дæ бæх! — зæгъгæ, дзырдта Азæмæт, — æз хæдзары хицау куы уаин æмæ мæм бæхты рæгъау куы уаид, иу-æртæсæдæ ефсы, уæд дын уыдоны æмбнс раттнн дæ дугъон ■бæхыл, Казбич! «А-гъа, Казбич у уæдæ!» — загътон æз, æмæ йе згъæр хæдон уайтагъд мæ зæрдыл æрбалæууыдис. — О,— зæгъгæ, загъта Казбич, иуцъусдуг афæстиат ис, аф- тæмæй,— æнæхъæн Кæсæджы дæр ахæм бæх не ссардзынæ. Иу- хатт,— уый уыдис Терчы æддаг фарс—абырджытимæ ацыдтæи уырысы рæгъæуттæ ратæрынмæ, рæствæндаг нæ фестæм æмæ фæйнæрдæм ныппырх стæм. Мæ фæстæ фатау ныййарц ис цып- пар хъазахъхъаджы, джйауыртæн мæм сæ хъæр дзæбæх хъуыс- тис, ныр мæ размæ тархъæд. Саргъыл ныддæлгом дæн, мæ уд хуыцауы æвджид бакодтон, афтæмæй, æмæ гъеуæд фыццаг хатт бафхæрдтон мæ бæхы мæ ехсы цæфæй. Йæхи маргьау фæцавта къабузты ’хсæн, цыргъ сындзытæ мын рæдывтой мæ дарæс, сы- вылдзы хус хпхтæ мын надтой мæ цæсгом. Мæ бæх ссæррæтгы- тæ кодта бындзæфхæдты сæрты, йæ риуæй пыхс, къудзитæ фæй- кæрдæм тонгæйæ. Хуыздæр хъæлæкк уыдаид, хъæды дымæгмæ нæ куы фæуагътанн æмæ хъæдмæ мæхи куы байстаин, уæд, фæ- лэ? кæй зæрдæйæ, æвгъау мæм каст йæ ныууадзын,— æмæ мын Хорз бæх, тынг хорз бæх. И52
уыйхыгъд пехуымпар фæахъаз ис. Цалдæр нæмыджы мæ сæрты цъых-цъыхгæнгæ æрбатахт; айхъуыстон, хъазахъхъ сз? бæхтæй куыд æргæппытæ кодтой æмæ мæ фæд-фæд куыд æрбацæй- згъордтой, уый... Æвиппайды мæ размæ къардиуы мæ дугъон асагъæс кодта, стæй — сæррæтт, зæгъгæ, æмæ багæпи кодта. Р1æ фæстаг сæфтджытæ къардиуы фаллаг был æртыдтоп, æмæ йæ раззаг къæхтыл ауындяæгæй аззадис. Æз рохтæ фæуагъточ æмæ дæлбылмæ уыцы æхст фæкодтон мæхи; уымæй фервæзын кодтон мæ бæхы: къардиуæй сгæпп кодта. Хъазахьхъ федтой, цы бакодтон, уый, фæлæ мæм æрхмæ иу дæр агурæг нæ ныц- цыд: æнхъæлдтой, æвæццæгæн, ныммардтæн, зæгъгæ, афтæмæй та хъуыстон, мæ бæхы ахсынмæ куыд фесты, уый. Мæ зæрдæпы тугтæ ныттагъдысты; абырыдтæн мæ гуыбыны цъарыл бæзджьпГ кæрдæджы æрх-æрх дæлæмæ,— кæсын æмæ дын мæпæ хъæды кæрон; цалдæр хъазахъхъаджы дзы рацæуынц бæхтыл æрдуз- мæ, уалынмæ сæм мæ Карагйоз хъæдæй комкоммæ ратæхы, йæ фæстæ æмхуызонæй ныййарц сты, хъæр æмæ ахстгæнгæ; кæдæй- кæдмæ фæратæх-батæх кодтой йæ фæстæ! Уæлдайдæр ну: дыу- уæ хатты йыл, чысыл ма бахъæуа, архъан ма баппара; адæргæй æмризæджы срызтæн, мæ цæстытæ дæлæмæ æруагътон æмæ ку- вын байдыдтон. Иукъорд минуты фæстæ сæ æвиппанды уæлæмæ снстон æмæ кæсын: мæ Карагйоз æртæхы йæ къæдзил фæйлау- гæ, йæхæдæг уадау сæрибар, афтæмæй, джйауыртæ та фæсгиау,. ’дард, кæрæдзийы фæдыл адаргъ сты се стад бæхгыл. Уæллæ- гъи, раст афтæ уыд! Æхсæв æнафонмæ фæдаудтон æз уыцы æрхы. Æвиппайды, куыд æнхъæл дæ, Азæмæт, хъусын мæйда- ры, бæх рауай-бауай кæны æрхы былтыл, хуыррытт кæны, уа- сы, зæхх хойы йæ къæхтæй; мæ Карагйозы йæ уасынæй базыд- тон: уый æцæгдæр уыдис йæхæдæг, ме ’мбал!.. Уæдæй фæстæмæ кæрæдзийæ нал фæхицæн стæм. Æмæ мæм дзæбæх хъуысти, йæ дугъоны лæгъз бæрзæй уый йæ къухæй куыд даудта, узæлгæ хост æй куыд кодта æмæ йæ* алы буц номæй куыд хуыдта, уый. — Иу мнн ефсы мæм куы уаид,— загъта Азæмæт,—уæддæр дын сæ раттин Карагйозыл. — Йок11, нæ хъæуы,— зæгъгæ, йып дзуапп радта уазал хъæ- лæсæй Казбич. — Хъус-ма, Казбич,— дзырдта йын Азæмæт лæгъсгæгæпæ- гау,— ды зæрдæхæлар лæг дæ, хъæбатыр, цæхæрцæст лæг, мæ фыд та уырысæй тæрсы æмæ мæ хохмæ нæ уадзы; дæ бæх мын ратт, æмæ дæ цыдæриддæр фæнды, уый дын бакæндзынæн, ра- давдзынæн дын мæ фыдæн йæ хуыздæр хъыримаг, науæд кард, 11 Иох — нæ (тæтæйрагау.) 153
дæхи дзыхæй цы зæгъыс, уый, йæ кард та у гурда12, йæ ком ын дæ цонгыл авæр, йæхæдæг буары ныссæдздзæн, згъæр та йын,— мæнæ дæууоны хуызæн,— мурдæр ницы у. Казбич æм ницы дзырдта. — Фыццаг хатт дын дæ бæхы куы федтон,— дзырдта дард- дæр Азæмæт,— дæ быны уый цъилау куы зылдис, йæ фындзы- хуынчъытæ дымстæй дæ быны куы кафыд, йæ сæфтджыты бы- нæй схон-дур лыстæг муртæй фæйнæрдæм куы тахтис, гъеуæдæй фæстæмæ бынтондæр мæ зæрдæ фæфæлдæхт, ад мын ницыуал кæны: мæ фыды хуыздæр дугъонтæ мын уæнгæл фестадысты, æфсæрмы кодтон уыдоныл сбадын, æддæмæ рацæуын, æмæ мын судзгæ сагъæс мæ уд бахордта; уыцы сагъæс-иу хуылфы уæв- гæйæ æз фæбадтæн къæдзæхыл æгас бон-изæрмæ æмæ иунæг минут дæр рох нæ кодта мæ зæрдæйæ дæ дугъон, дæ сау уари, йæ аив къæхты айст, йæ лæгъз, фатау æмраст рагъ; йæ цæхæр дæстытæй уый касти комкоммæ мæ цæстытæм, исты зæгъынмæ мын цыма хъавыдис, уыйау. Зæрдæдзæф кæндзынæн, Казбич, куы нæ мын æй рауæй кæнай, уæд! — загъта Азæмæт, æмæ йæ хъæлæс базыр-зыр кодта. Мæ хъусыл æрцыдис, Азæмæт кæй скуыдта, уый: афтæмæй та уый уыдис стыр хивæнд, фидар лæппу, гыццыл куы уыдис, уæддæр-ну дзы хæснагыл иу цæссыг ничи æрхауын кодтаид. Иæ кæуынмæ худыны хуызæн цыдæр уынæр мæ хъустыл ауадис. — Байхъус-ма! — зæгъгæ. загъта хъæбæрæй Азæмæт, уыиыс, цыдæриддæр бакæныныл дæр разы дæн. Фæнды дæ, уæд та дын мæ хойы раскъæфон? Куыд кафы! Куыд зары! Кæнæ сызгъæрин хæрдгæйæ куыд хуыйы — диссаг, стыр диссаг! Нæ уыдис ахæм ус турчы паддзахæн дæр... Фæнды дæ? Уæд мæм сомæхсæз æнхъæлмæ кæс уартæ комы, доны гуылфæн кæм згъоры, уым: æз ууылты йемæ цæудзынæн, нæ фарсмæ цы хъæу ис, уырдæм,— гъемæ уæд уый дæу у. Ау, Бэлæ дæ дугъоны аргъ нæу? Бирæ, бирæ æнæдзургæйæ фæлæууыд Казбич, фæстагмæ йын дзуаппы бæсты æрдæгхъæлæсæй ныззарыд фыдæлты зарæг: Бирæ рæсугъдтæ нæ хъæуы цæры, Стъалытæ хъазынц сæ цæсты тары. Уыдон уарзын у— хæлæггаг хъуыддаг. Фæлæ уымæй зынаргъдæр у сæрибардзинад. Сызгъæ’рин балхæндзæн цыппар усы дæр, Хорз бæхæн та æппындæр аргъ нæй: Гурда — кæрдтæн сæ тæккæ хуыздæр мыггаг. 154
Уадæй дæр быдыры фæстейы нæ баззайдзæн, Зæрдæ нс сивдзæн, лæджы нæ фæсайдзæн13. Дзæгъæлы йын лæгъстæ кодтæ Азæмæт, сразы у, зæгъгæ,— дзæгъæлы куыдта йæ разы, дзæгъæлы йын кодта козбау пьь хæстæ, сомытæ: фæстагмæ йæм Казбич йæхи нал фæурæдта æмæ йын загъта: — Дæхи дард айс, æнæзонд лæппу! Мæ бæхыл сбадынмæ ма дæ бирæ истытæ хъæуы. Фыццаг æртæ къахдзæфæн дæ куыд аппара, æмæ халоны айкау дуртыл куыд фехалай, уый дæ фæн- ды? — Мæн!—зæгъгæ, æрра хъæр фæкодта Азæмæт æмæ са- бийы хъамайы цъыкк згъæрыл фæиыдис. Замманайы домбай къух æй уыцы иу схуыст акодта, æмæ кауыл йæ тъæип фæцыд, æмæ кау нызмæлыдис. «Ам цыдæр уыдзæн!» — загътон æз мæ- хинымæр æмæ уайтагъд бæхдоны смидæг дæн, нæ бæхтыл идæт- тæ афтыдтон æмæ сæ фæстаг кæртмæ раластон. Дыууæ минуты фæстæ хæдзар хъæр æмæ хъæлæба ссис. Хъуыддаг афтæ рауад: Азæмæт базгъордта скъуыдтæ куырæты хæдзармæ фæдисы æмæ- радзырдта, Казбич æй æргæвдынмæ хъавыдис, зæгъгæ. Иууыл- дæр рагæппытæ кодтой, топпытæм февнæлдтой—æмæ, гъæйдæ- мардзæ, хæст стынг ис! Алырдыгæй хъæр, ахст, топпы гæрах ссис, æрмæст ныр Казбич бадти йæ бæхыл æмæ уынджы астæу адæмы ’хсæн цъилау зылдис, йе ’хсаргардæй йæхи иргъæвгæйæ. «Æвзæр хъуыддаг у искæй фыдбылызæй басудзын,— загътон æз Григорий Александровичæн, йæ къух ын ацахстон, афгæмæй,— кæхи ардыгæй тагъддæр куы айсиккам, уæд хуыздæр нæ уаид цымæ?» — Фæлæуу-ма, фенон, цæмæй ахицæн уыдзæн. — Хорзæй ахицæн æнхъæл ын ма у; ацы азиæгтæм кæддæ- риддæр афтæ у: махсымæ ныххырхтой, зæгъгæ, уæд сыч æнæ кæрæдзи туджы сæвдулгæ хос нæй! — Нæ бæхтыл абадтыстæм æмæ фæцагайдтам нæхимæ. — Уæд Казбич та цы фæцис? — афарстон æз штабс-капита- ны тагъдгомау. — Уыцы адæмæн та цы фæуынæй тæрс! — зæгъгæ, мын дзуапп радта уын, йæ цай цымыны кой кæнгæйæ,— аирвæзт, æндæр цы фæци! 13 Чиныгкæсджытæй курын хатыр, Казбнчы зарæг прозæйæ æмдзæлг.Г" тæм кæй раивтон, уый тыххæй,—ахуыр у дыккаг натурæ. (Лермонтовы фип- паинаг). 155,
— Ау, æнæ цæфæй? — афарстон та йæ æз. — Æмæ хуыцау йæ зонæг у! Уæвгæ, куыдзы уд ис уыцы абырджытæн! Иуæй-иуты дзы хæсты федтон, йæ буар æгасæй дæр хуры хуыфийы хуызæн, джебогъæй хуынчъытæ, уæддæр-иу æхсаргардæй, гъæйтт-мардзæ, зæгъгæ, цъыччытæ кодта фæйнæ- рдæм.—Штабс-капитан иуцъусдуг афæстиат и, стæй йæ къах зæххыл æркъуырдта æмæ та ныхас кæныныл фæцис: — Никуы ныббардзынæн мæхицæн уыцы боны рæдыд: нæ зонын, цы хæйрæг мæ ацардыдта, фæлæ фидармæ куы ’рбацы- дыстæм, уæд дын Григорий Александровпчæн ма радзурон, кау- рæбын бадгæйæ цы фехъуыстон, уыдон иууылдæр; худæгæй амардис,— ахæм хинæйдзаг!—йæ зæрдæйы та афтæмæй æндæр цыдæр хъуыды сæвзæрдис. — Æмæ уæддæр цы? Радзур-ма, дæ хорзæхæй. — Цæй, гæнæн нал ис! Дзурын кæм райдыдтон, уым мæ ны- хас æххæст фæуын хъæуы. Иу-цыпнар боны фæстæ та æрцыдис Азæмæт фидармæ. Гри- горий Александрович æй алыхатт адджпнæгтæй хорз уыдта æмæ йыл ахуыр кæй уыдис, уымæ гæсгæ та бацыдис уымæ. Æз дæр уыдтæн уым. Бæхты тыххæй та нæм ныхас æрцыди, æмæПечорин райдыдта Казбичы бæхæй æппæлын: ахæм цæрдæг, ахæм рæсугъд сæгуытæй цы кæныс,— иудзырдæй, уый ныхæстæм гæсгæ ду- нейыл дæр йæхи хыузæп хайуан никуы уыдис. Чысыл тæтæйраджы цæстытæ цæхæртæ скалдтой, фæлæ йæ Печорин цыма нæ уыдта, йæхи афтæ скодта; æз-иу æндæр пы- хас райдыдтон, уый та-иу уайтагъд Казбичы бæхы коймæ фæ- цис. Æмæ нæм Азæмæт цалдæриддæр хатты цыдис, æдзух ын кодта афтæ. Иу-æртæ къуырийы фæстæ кæсын æмæ Азæмæты цæсгомы туджы ’ртах нал уыдис, райдыдта уæлхъæдæй тайын, хус кæнып, романты куыд вæййы, афтæ, уарзондзинады низæй цыма садис, уыйау ихсыдис. Ай цы диссаг уа?.. Зоныс, хъуыддаг æгасæй дæр æз уыйфæстæ базыдтоп: Гри- горий Александрович лæппуйы мæстæй марынæй афтæ ныззау- уат кодта, æмæ фæнды доиы баппарæд йæхи! Иухатт та баз- дæхт æмæ йын афтæ зæгъы: «Зонын, Азæмæт, уыцы бæхы дæ уд кæп баззад, уый, фæлæ кæд дæ къæбут фендзынæ, уæд уый дæр дæ къухы бафтдзæнис! Зæгъ-ма, чи дын æй балæвар кæннд, уымæн цы раттис цымæ?..» — Цыдæриддæр æп бафæндид, уый,— загъта Азæмæт. — Уæдæ кæд афтæ у, уæд дын æй æз самал кæндзынæн, æрмæст дзырдæй... Ард бахæр, дæ дзырд кæй сæххæст кæндзы- нæ, ууыл... — Хæрын... Ард бахæр ды дæр! — Хорз! Ард хæрын, уыцы бæх дæу кæй уыдзæн, ууыл; æр- 156
мæст мын йæ ивддзаг ды хъуамæ раттай дæ хо Бэлæйы: Кара- гйоз дын уыдзæн йæ ирæд. Æнхъæлдæн, ахæм фидыд дæуæн пайда у. Азæмæт ныхъхъус ис. — Нæ дæ фæнды? Цæй, уæдæ, бар дæу! Æз дын лæг æнхъæл • уыдтæн, фæлæ нырма дзидзидай куы дæ; бæхыл бадынæн дын нырма раджы у... Азæмæт ссыгъдис. «Æмæ мæ фыд та?» — зæгъгæ, фæкодта. — Ау, æмæ æппын никуы никæдæм ацæуы?.. — Æцæг... — Разы дæ?.. — Разы дæн,— загъта æнцадæй Азæмæт, йæ цæсгом мæрд- вæлурс афæлдæхт, афтæмæй.— Æмæ уæддæр кæд? — Фыццагдæр Казбич ардæм кæд æрцæуа, гъеуæд; иу-дæс фысы нæм æртæрннаг у; уымæй дарддæр хъуыддаг мæхи бар у. Хъусыс, сайгæ ма фæкæн, Азæмæт! Ууыл алыг кодтой... раст зæгъгæйæ, æвзæр æбуалгъ хъуыд- даг! Уыйфæстæ æз уый Печоринæн зæгъгæ дæр кодтон, фæлæ мын уый загъта: хъæддаг хæххон сылгоймаг, дам, хъуамæ амондджын уа, мæ хуызæн хæларзæрдæ мой кæмæн ис, уый тыххæй æмæ, дам, уыдон æгъдаумæ гæсгае, æз уæддæр йæ мой дæн, Казбич та, дам, абырæг у, йæ бон базонын кæнын кæмæн хъуыдис, ахæм. Дæхæдæг-ма ахъуыды кæн, мæ бон ма йын цы зæгъын уыдис уыцы ныхæстæм?.. Фæлæ сын уæд сæ сусæг фæн- дæн æз ницыма зыдтон. Иухатт куы уыдис, уæд мæм Казбич æрбалæууыд æмæ мæ фæрсы: «Фыстæ æмæ мыд нæ балхæндзы- нæ?» Æз ын загътон, райсом-иу сæ æрлас, зæгъгæ. «Азæ- мæт! — загъта Григорнй Александрович,— тæккæ райсом Ка- рагйоз уыдзæнис мæ къухы; куыддæр ахсæвы ’хсæв Бэлæ ам нæ уа, афтæ уый зон, æмæ дæ цæсты кæронæй дæр бæх нæ фен- дзынæ...» — Хорз! — загъта Азæмæт, йæхæдæг нæ цурæй хъæумæ фæ- цагайдта. Изæрæй Григорий Александрович йæ гæрзтæ йæ уæ- лæ æрбаста æмæ фидарæй рацыдис; куыд бадзырдтой,— уымæн ницы зонын,— æрмæст уыцы ’хсæв сæ дыууæ дæр æрбаздæхты- сты фæстæмæ, æмæ хъахъхъæнæг федта Азæмæты саргъыл цæх- гæрмæ сылгоймаг, йæ къæхтæ æмæ къухтæ бастæй, йæ сæр та æмбæрзæны тыхтæй. — Бæх та? — афарстон æз штабс-капитаны. — Ныртæккæ, ныртæккæ. Дыккаг бон райсомæй раджы æр- цыдис Казбич æмæ æртардта дæс нæлфысы уæймæ. Р1æ бæх быруйыл афтыдта, йæхæдæг мæнмæ бацыдис: æз æй мидæмæ 157
бакодтон æмæ йын цай бацымын кодтон, уый тыххæй æмæ кæд- абырæг уыд, уæддæр уыдис мæ- кунак14. Райдыдтам ныхас кæнын иу, аннæйы тыххæй... Уалынмæ кæ- сын æмæ Казбич йæ мидбынат хæрдмæ фæхаудис, йæ хуыз ауад æмæ рудзынгмæ- фæцис; фæлæ, йе ’намондмæ гæсгæ, ру- дзынг уыдис кæрты чъылдыммæ арæзт. «Цы кодтай?» — зæгъ-. гæ, йæ афарстон æз. — Мæ бæх!.. Мæ бæх! — зæгъгæ, гæдыбæласау ризгæйæ. Æмæ, æцæг, мæ хъустыл ауадис бæхы къæхты хъæр, фæлæ æнхъæлдтон, хъазахъхъæй исчи æрбацыдис, зæгъгæ... — Нæ! Уырыссаг æвзæр у, æвзæр! — зæгъгæ, фæбогъ кодта,, йæхæдæг агъуыд стайау уатæй уыциу лиуырд ракодта. Дыууæ гæппæн кæрты астæу абадти; фидары дуармæ йын хъахъхъæнæг топпы хæтæлæй йæ фæндаг ахгæдта, фæлæ уый топпы сæрты асæррæтт ласта æмæ фæндаг-фæндаг згъорынтæ систа... Дар- дæй йæм зындис, рыг мигъау куыд бадтис фæндаджы сæрмæ, уарийау куыд тахтис Азæмæт уадсур Карагйозыл бадгæ. Уыцы уайгæ-уайын фелвæста Казбич топп йæ агъудæй æмæ иыггæрахг кодта. Иу минуты бæрц йæ бынатæй нæ фезмæлыдис, цалынмæ йæ фæивгъуыдта, уый базыдта, уæдмæ; стæй йе ’рдиаг ссыд,. топп дурыл ныццавта^ æмæ лыстæг пырх ныццис, зæххыл иыд- дæлгом æмæ сывэеллонау ныббогъ-богъ кодта... Гъемæ, адæм* фидарæй афæдис сты æмæ йæ алыварс амбырд сты, фæлæ уый никæй уыдта; алæууыдысты, аныхас кодтой, стæй фæстæмæ баз- дæхтысты; æз ын йæ фысты аргъ йæ фарсмæ æрæвæрын код- тон, фæлæ сæм уый æвналгæ дæр нæ бакодта, хуыссыд мардьг хуызæнæй, зæххыл дæлгоммæ. Уырны дæ, уый уыцыхуызæнæй’ фæлæууыд стыр фæсахсæвæрмæ, суанг сæумæ-цъæхмæ... Æр- мæст дыккаг бон райсомæй æрбацыд фидармæ æмæ курын бай- дыдта, йæ бæх ын чи аскъæфта, уый зæгъын. Хъахъхьæнæг фет,- та, Азæмæт бæхы куыд сыхæлдта æмæ йыл куыд афардæг ис, уый, æмæ нæ басусæг кодта, цы федта, уый. Азæмæты ном куы айхъуыста Казбич, уæд йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой æмæ араст ис, Азæмæты фыд цы хъæуы цард, уырдæм. — Гъы, æмæ уæд фыд та цы? — Замана уый уыд, æмæ йын Казбич йæ фыды сæхпмæ не- ссардта: ацыди кæдæмдæр балцы иу-æхсæз бонмæ, уыйнедтæ- мæ бæрæг уыдаид, Азæмæт цы чызг рахастаид, уый. — Фыд сæхимæ куы ’рыздæхт, уæд нал чызг, нал лæппу уы- дис хæдзары! Ахæм хинæйдзаг кæм уыдис; уыцы æнæнтыст бам- бæрста, йæ фыд ыл куы ’рхæст уа, уæд йæ сæр йæ фиддон кæл кодта, уый. Гъемæ уæдæй нырмæ зæххы скъуыды.' ныххаул-—. 14 Кунак — хæлар. (Лермонтовы фиппаинаг). 158
æвæццæгæн æмæ искуы абырджытыл бафтыдис æмæ йæ сонт сæр дæр бахордта Терчы, науæд та Кубаны кæмдæр, æмæ йын афтæ дæр хъуыдис: чи цы агуры, уый ссары!.. Раст дын зæгъон, мæнмæ дæр дзы гæзæмæ маст æмæ уыхе- ры не ’рхаудис. Куыддæр базыдтон, черкесаг чызг Григорий Александровичмæ ис, афтæ уацтагъд æрбакодтон мæ уæлæ мæ лъалеттæ, ме ’хсаргард æмæ йæм араст дæн. Уый къулæй лæууыдис æддаг уаты йæ хуыссæны, йæ иу къух йæ нывæрзæны, иннæйы та хуыст лулæ, афтæмæй; дыккаг уаты дуар уыдис гуыдырæй æхгæд, фæлæ гуыдырæн йæ дæгъæл йæ мидæг нæ уыдис. Æз уайтагъд уыдон иууылдæр бафиппайдтон... Райдыдтон барæй хуыфын æмæ мæ цырыхъхъы зæвæттæ къæ- сæрыл хойын — фæлæ уый цыма ницы хъуыста æппындæр, уый- ау скодта йæхи: — Господин прапорщик!—зæгъгæ, йьтн загътон æз, цас фæ- рæзтон, уыйас карздæрæй,— нæ уыныс, æз дæумæ кæй æрба- цыдтæн, уый? — Æгас цу, Максим Максимыч, æгас! Лулæ миййаг цы ады- май? — зæгъгæ, дзуапп радта уый, уæлæмæ не сыстад, афтæ- мæй. — Бахатыр кæн! Æз Максим Максимыч нæ дæч: æз дæн штабс-капитан. — Уый хъауджыдæр нæу. Цай нæ цымыс? Тæхуды ’мæ куы -зонис, мæ зæрдæйы цы мæт, цы сагъæс ис, уый! — Æз сæ иууылдæр зонын,— загътон æз, мæхæдæг йæ сыи- тæджы уæлхъусмæ бацыдтæн. — Уый та уæлдай хуыздæр: кæннод ,мæ дзурындзæг абон æхгæд у. — Господин прапорщик, ды ахæм æвзæр хъуыддаг бакод- тай, æмæ ма дзы -суанг мæнмæ дæр азым хауы... — Уанцон нæу! Цас стыр хъуыддаг у? Æниу нын рагæй дæр цыддæриддæр дыууæ ’мбисы куы у. — Уый та чердыгон хъазт у? Де ’хсаргард-ма ардæм æри! — Митькæ, æхсаргард рахæсс!.. Митькæ æхсаргард æрбахаста. Ме ’хæс цы уыд, уый сæххæст кæнгæйæ æз æрбадтæн йæ сынтæгыл æмæ загътон: «Хъус-ма, Григорий Александрович, хорз нæ бакодтай, басæтт ыл». — Цæмæй? — Бэлæйы кæй раскъæфтай, уымæй... Адон иууылдæр уыцы «æлгъыст Азæмæты фыдбылызтæ сты!.. Цæй, басæтт ыл,— зæгъ- гæ, йын загътон æз. — Омæ кæд мæ зæрдæмæ цæуы, уæд мын цы кæнын кæ- ныс?.. Цы ма йын загътаин?.. Дзыхълæуд ныккодтон. Фæлæ та йын 159
уæддæр чысыл фæстæдæр загътон: йæ фыд æй куы агура, мий- йаг, уæд ын æй фæстæмæ раттын хъæудзæнис. — Æппындæр нæ! — Æмæ йæ базондзæн, ам ис, уый... — Цæмæй йæ базондзæн? — Æз та дзыхълæуд ныккодтон. «Æрбайхъус-ма, Максим Максимыч! — загъта Печорин, йæ хуыссæпуаты рабадтис, афтæ- мæй,— ды хæларзæрдæ, фæлмæн адæймаг куы дæ, чызджы уы- цы сырдæн фæстæмæ куы раттæм, уæд æй кæнæ æргæвдгæ акæндзæн, кæннод та—уæй, уып зон. Хъуыдда1 конд кæм фæ- цис, уым æй ныр барæй халын иал хъæуы; уадз æмæ уый уа мæнмæ, ме ’хсаргард та дæумæ...» — Омæ мын æй уæд та уынын фæкæнын кæн,— зæгьгæ, йын загътон æз. — Мæнæ ацы дуары мидæгæп ис; фæлæ пæм абон мæхæдæг дæр дзæгъæлы бацыдтæн фенын æнхъæл: къуымы бады æмбæр- зæны тыхтæй. Нæ — дзыхæп дзуры, нæ — кæсгæ кæны: хъæддаг сæгуытау уыцы сырддзастæй лæууы. Æз ын баххуырстои нæ духаны хнцауы усы, уый зоны тæтæйрагау, кæсдзæн æм æмæ йын æмбарын кæндзæн, мæн кæй у, уый. Уымæн æмæ мæнæй фæстæмæ уæвгæ дæр нпкæп уыдзæн! — зæгъгæ, ма йæ ныхæс- тыл афтыдта, йæхæдæг стъол тымбылкъухæй ныццавга.— Æз ын ууыл дæр уæлдай нæ загътон... Цы гæнæн ис? Ахæм адæй- мæгтæ ис, æмæ æдзухдæр «о» кæнын кæмæн хъæуы. — Гъы, æмæ куыд,— бафарстон æз Макспм Максимычы,— æцæг æй фæцахуыр кодта йæхиуыл, æви ахстуаты джнугæйæ уæлхъæдæй бахус ис йæ райгуырæн бæстæ мысгæйæ? — Уый та куыд, уанцон райгуырæн бæстæ мысын нæу? Фи- дармæ йæм зындысты, йæ райгуырæн хъæумæ цы хæхтæ зынды- сты, уыдон — ацы сырдты та æндæр ницы х’бæуы. Ноджы йын Григорий Александрович алыбон дæр кæд кодта лæвæрттæ; фыццаг бонты уыцы лæвæрттæм мара-зæгъай æмæ æввахс дæр цæуа, æнæсдзургæйæ-иу сæ æнæрвæссон тъæпп аласга йæхицæй, æмæ-иу духаны хнцауы усы амæттаг фесты, уый дæр та нæм-иу уæд уæлдай мæлгъæвзагдæрæй дзурын байдыдта. Йæ мад амæ- ла, уастæн, лæварæн! Цы нæ бакæндзæн сылгоймаг цацатьг тыххæй! Цæй, уыдон ницы дзуринаг сты... Фæлæ бирæ фæхъуыр- духæн кодта йемæ Григорий Александрович, ахуыр кодта йæхи тæтæйрагау, чызг дæр райдыдта махырдыгонау æмбарын. Чы- сылгай-чысылгай йæм уæндын байдыдта кæсын — фыццаг йе ’рфгуыты бынæп, зулдзæстæй æмæ æдзух кодта æнкъард, æр- дæгхъæлæсæй зарыдис сæхирдыгонау ахæм æнкъард зарджытæ, æмæ йæм-ну иннæ уатæй куы хъуыстон, уæд-пу мæхи зæрдæ дæр суынгæг. Нпкуы мæ ферох уыдзæн иу хъуыддаг: фæцæйцыдтæн 160
еэё ’цурты æмæ рудзынгæй бакастæн; Бэлæ бадтис гъахтиныл, йæ сæр йæ риуыл æруагъта, афтæмæй, Григорий Александрович та йæ разы лæууыд. «Хъус-ма, мæ зæды хай,— зæгъгæ, йын дзырдта уый,— ныр куы зоныс, раджы уа, æрæджы уа, уæддæр ды мæн хъуамæ кæй уай, уый, уæд ма мæ дзæгъæлы чъизæма- рæй цы марыс? Æви цæцæйнæгтæй искæй уарзыс? Уæд дæ ныр- тæккæ дæр ауадздзынæн уæхимæ».— Уый зына-нæзына фес- тъæлфыдис æмæ йæ сæр банкъуыста.— «Æви дын бынтон уæи- гæл дæн?» — дзырдта уый дарддæр. Чызг науулæфыдис—«Йе дæ кæд дæ дин нæ уадзы, миййаг, мæн бауарзын?» — Уый ныф- фæлурс æмæ хъусæй лæууыдис.— «Баууæнд мыл, адæмæн се ’ппæтæн дæр уыцы иу хуыцау ис, æмæ кæд уый аккаг кæны мæнæн дæу уарзын, уæд цæуылнæ саккаг кæндзæн дæуæн мæ уарзондзинад уарзондзинадæй фидын?» — Уый йын йæ цæсгом- мæ æдзынæг ныккастис, уыцы ног хъуыды дзы йæ сæрæй йæ къæхтæм цыма ахъардта, уыйау; йæ цæстæнгас æвдыста, кæй не ’ууæндыд æмæ йæ баууæндын кæй фæндыд, уый. Цьт дисса- джы цæстытæ йын уыди, цы! Дыууæ сау æвзалыйау тæмæнтæ калдтой. — Хъус-ма, мæ уарзон, мæ зæрдæхæлар Бэлæ! — дзырдта пын дарддæр Печорин,— ды уыныс, куыд дæ уарзын, уый; æз цæттæ дæн цыдæриддæр раттыныл дæу схъæлдзæг кæныны тых- хæй: мæн фæнды, амондджын куыд уай, уый; фæлæ та ды ны- ронджы хуызæн æнкъард куы кæнай, уæд мæнæн æнæ амæлгæ иæй. Зæгъ-ма, фæхъæлдзæгдæр уыдзынæ? — Уый хъуыдыйыл фæцис, йæ сау цæстытæ дзы нал иста, афтæмæй, стæй йæм рæв- даугæ йæ мидбылты бахудтис æмæ, «о», зæгъгæ, йæ сæр ба- тылдта. Уый йын йæ къухыл ныххæцыд æмæ йын лæгъстæ кæ- нын байдыдта, «аба мын кæн», зæгъгæ; чызг дзы кодта йæхи æфсоны иргъæвд æмæ йын дзырдта: «поджалуста, поджалуста, ие надæ, не надæ», з&гъгæ. Уый йæ нал æмæ нал уагъта; чызг базыр-зыр кодта æмæ скуыдта. — «Æз дæн дæ ахст, дæ уацайраг, дæ цагъар; дæ бон, ай-гъай, у дæуæн мæн æнæба- ры сразы кæнын»,— æмæ та ногæй цæстысыгтæ æргæр-гæр код- той. Григорнй Александрович нæ тымбылкъухæй ныццавта йæ ных æмæ иннæ уатмæ рауад. Æз æм бацыдтæн, уый йæ къухтæ нæ синтыл æвæрдæп, æнкъардæп рацу-бацу кодта уаты къуым- ты. «Гъы, мæ лымæн, куыд у?» — зæгъгæ, йæ афарстон æз. «Хæйрæг йæ фæстаг къахæй æрцахстон, сылгоймаг нæ, фæлæ!— загъта уый,— æрмæст дын дзырд дæттын, уый мæн кæй уыдзæн, ууыл...» — Æз мæ сæр батылдтон. «Хæснаг кæныс? — загъта уый,— 11 М. Ю. Лермонтов 161
раст къуыримæ!» — «Цæй, фæуæд!» — загътон æз, нæ къухтæ кæрæдзимæ радтам, æмæ æз рацыдтæн. Дыккаг бон уайтагъд уый арвыста Хъызлармæ сæрмагонд лæг алцыппæт æлхæнынмæ. Уый сласта йемæ бирæ алыхуызон персайнаг хъуымæцтæ, се ’ппæтæн банымайæн дæр нæй. — Ды куыд æнхъæл дæ, Максим Максимыч! — зæгъгæ, мæ афарста уый, йæ лæвæрттæ æвдисгæйæ,— азиаг рæсугъд фæлæу- дзæнис ацы хъуымæцты батарейы ныхмæ? — «Ды черкесаг сыл- гоймæгты нæ зоыыс,— зæгъгæ, йын загътон æз,— уыдон не сты гуырдзиаг кæнæ фæскавказы тæтæйраг сылгоймæгты хуызæн,— не сты æппындæр. Уыдонмæ хицæн уагтæ ис, æндæр æгъдауыл схъомыл сты».— Григорий Александрович йæ мидбылты бахуд- тис æмæ æхситтæй райдыдта марш цæгъдын. Æмæ æцæгдæр æз раст загътон; лæвæрттæ бакодтой чыз- джы зæрдæ, æрмæст æмбисæлхæд; уый ссис фыццагæй цинтæ- гæнагдæр, æууæндагдæр — æндæр ницы; уымæ гæсгæ ма уый сфæнд кодта фæстаг амал бавзарын. Иурайсом уый сæвæрыи кодта йæ бæхыл саргъ, сарæзта йæхи черкесаг дзауматы, æрба- баста йæ гæрзтæ æмæ йæм афтæмæй бацыдис. «Бэлæ! — зæгъ- гæ, йæм дзуры,— ды зоныс, æз дæ цас уарзын, уый. Æз дæу куы скъæфтон, уæд æнхъæл уыдгæн, куы мæ базонай, уæд мæ ба- уарздзынæ, зæгъгæ; фæлæ æз фæрæдыдтæн, хæрзбон! цыдæрид- дæр мæм ис, уыдонæн се ’ппæтæн дæр ды у хицау, кæд дæ фæн- ды, уæд дæ фыды хæдзармæ аздæх,— мæнæй сæрибар. Æз дæн дæ разы азимаг æмæ хъуамæ бафхæрон мæхи. Хæрзбон у, æз цæуын — кæдæм? мæхæдæг дæр ын ницы зонын! Чи зоны, æмæ кæд бирæ нæ фæхæтин знаджы нæмыг кæнæ карды цæфагур: уæд-иу мæ æрымыс æмæ-иу мын бахатыр кæн».— Ие ’ргом ин- нæрдæм аздæхта æмæ йæм, «хæрзбон», зæгъгæ, йæ къух бадаргъ кодта. Уый йын йæ къух нæ айста, лæууыд æнæдзургæйæ. Æр- мæст, дуары æддейы лæугæйæ мæнæн уыдис дуары зыхъхъырæй йæ цæсгом дзæбæх уынæн, æмæ йын зæрдиагæй фæтæригъæд кодтон — ахæм мæрдон фæлурс уыдис йæ рæсугъд цæсгом! Куы ницы дзуапп дзы хъуыста, уæд Печорин дуарырдæм иу-цалдæр къахдзæфы ракодта; уый рызтис гæдыбæласау æмæ, зæгъон дын? —æз афтæ ’нхъæл дæн, æмæ хъазгæйæ цы дзырдта, уыдон уый æцæг æххæст дæр скодтаид. Цы мæрдтаг уыд, хуыцау йæ зонæг! Куыддæр дуарыл бандзæвыд, афтæ Бэлæ фæсæррæтт ласта, сбогъ-богъ кодта æмæ йе ’фцæджы ныттыхстис. Бауырн- дзæн дæ? Æз дæр, æддæдуар лæугæйæ, гъе афтæ скуыд- тон... скуыдтон, зæгъгæ, фæлæ гъа, цæмæй зонын, æдылыдзи- ,над... Штабс-капитан банцадис. — О, сæттын ыл,— загъта уыйфæстæ йæ рихитæ схъау- 16>
гæйæ,— мæнмæ хардзау кæсын байдыдта, иу сылгоймаг дæр мæн афтæ кæй никуыма уарзта, уый. — Гъы, æмæ дæргъвæтин ахаста сæ амонд? — бафарстон гей æз. — О, чызг нын басастис, Печорины цы бон федта, уыцы бо- нæй фæстæмæ йæ йæ фыны арæх кæй уыдта æмæ иу нæлгоймаг дæр йæ зæрдæмæ афтæ кæй никуыма фæцыдис, ууыл. О, бæ- гуыдæр, уыдысты амондджын! — Ницы уый дæр!—зæгъгæ, фæкодтон æз æнæбары. Æмæ куыд нæ: мæнæй афтæ ма хъуыддаг æвыдæй, æнæ фыдбылы- зæй нæ ахицæн уыдзæн, ныр æвиппайды, æнæнхъæлгæ хæлиу- дзыхæй аззай,— уый бæгуы нæу!..— Ау, æмæ йæ фыдæн æппын йæ хъуыдыйы куыд не ’рцыд, уый сымахмæ фидары кæй бад- тис, уый? — бафарастон æй æз дарддæр. — Цæмæй зонын, æнхъæлдæн æмæ йыл цыма гуырысхо код- та, уыйау уыдис, иукъорд боны фæстæ фехъуыстам мах, зæронд лæджы амардæуыд, зæгъгæ. Уыцы хабар та мæнæ афтæ уыди... Ногæй та йæм æз дæр зæрдиагæй байхъуыстон. — Цæвиттоны хъуыддагæй, Казбич афтæ ’нхъæл уыдис, æмæ йын Азæмæт йæ бæх цыма йæ фыды зондæй адавта, уый- ау; нæ зонын, фæлæ иу лæгæй æз афтæ ’нхъæл дæн. Гъемæ, цæвиттоны хъуыддагæй, иухатт куы уыдис, уæд фæндагыл йæ размæ бабадтис, хъæуæй иу-æртæ версты æддæдæр, зæронд лæг æрцæйздæхт афтидæй йæ чызджы фæдисæй; йæ фæдисон æм- бæлттæ — уздентæ фæсте аззадысты,— уыдис изæрдалынгтæ,— æрцæйцыдис лæг йæ бæхыл фаддзуйæ, йæхимæ хъусгæ; уалын- мæ æвиппайды Казбич, гæдыйау, пыхсæй уыцы иу сæррæтт ра- ласта, зæронд лæджы фæсарц абадт, хъама йын йæ фæсонты фæцавта æмæ йæ зæхмæ раппæрста, йæхæдæг бæхы рохтæ æр- байста æмæ ныкъкъуырдта; йемæ фæдисы цы адæм ацыд, уы- донæй чидæртæ федтой уыцы хъуыддаг уæлбылæй; Казбичы ма фæстейы бæргæ асырдтой, фæлæ — цу æмæ йæ баййаф. — Йæ бæхмæ бæх байста æмæ райста йæ маст,— зæгъгæ, загътон æз къахæгау, кæддæра ме ’мдзурой цы зæгъид, зæгъгæ. — Ай-гъай, уыдон æгъдаумæ гæсгæ уый уыдис тынг раст,— загъта штабс-капитан. Æз дис фæкодтон, уырыссаг адæймаг цы адæмты ’хсæн æр- цæры, уыдон æгъдæуттыл куыд тагъд фæцахуыр вæййы, ууыл. Нæ зонын, фауинаг у уыцы зонды уаг æви æппæлинаг, æрмæст уый æвдисы, æмæ уырыссаг лæджы зонд алырдæм дæр дисса- джы таст кæй кæны, ирд, раст хъуыды кæддæриддæр йæ сæры кæй ис æмæ уый руаджы æвзæрдзинадæн æнæ уæзгæ кæм нæй, стæй йын фесæфæн кæм нæй, уым æн уый хатыр æмæ баргæ кæй кæны, уый. 163
Уалынмæ цай цымд фæци; бæхтæ ифтыгъдæй бирæ фæлæу- уыдысты миты рагъыл æмæ ихæнриз кодтой; мæй фæлурсæй лæууыд ныгуылæнырдыгæй æмæ цæттæ уыд, дард кæмдæр ын, хохы цъуппытыл скъуыдтæ æмбæрзæны пысултау ауыгъдæй цы сау мигътæ лæууыд, уыдон хъæбысы арф аныгъуылынмæ. Мах рацыдыстæм хæдзарæй æддæмæ. Ме ’мвæндаггон кæд боны- хъæдыл йæ къух ауыгъта, уæддæр арв æхсæвы афтæ ныйпрд ис, æмæ нын ныфс лæвæрдта, райсом æнцад, хорз бон кæй уы- дзæн, уымæй; стъалыты чыртæ диссаджы рæсугъд нывгæндтæй кæрæдзиуыл тыхстысты дард кæмдæр арвы дæлбазыр æмæ иу пннæйы фæстæ хуыссыдысты, хурыскæсæны фæлурсбын ферт- тывд, æнусон митæй æмбæрзт хæхты фæхсытæ, куыдфæстæмæ ирдгæнгæ арвы тарбынцъæх къуырфыл куыд пырх кодта, афтæ. Рахизырдыгæй æмæ галиуырдыгæй сау дардтой тар æнæбын æрхытæ, æмæ мигътæ къуыбылæйттæ æмæ хæлбурцъытæгæнгæ кæлмыты хуызæн æввахс къæдзæхты æнхъырдтыл бырыдысты бынмæ, рæхджы кæй æрбабон уыдзæн, цыма уый æнкъардтой æмæ уымæй тарстысты, уыйау. Æнцад уыдис алцыдæр арвыл дæр æмæ зæххыл дæр, адæй- маджы зæрдæ сæууон куывды сахат куыд æнцад вæййы, афтæ, æрмæст-иу хаттæй-хатт хурыскæсæнырдыгæй æрбакодта уазал дымгæ æмæ-иу йæ сæрыл систа бæхты халасæвæрд барцытæ. Мах рараст стæм нæ фæндагыл; стыр зынтæй нын фондз æрдæгмард бæхы ластой нæ уæрдæттæ гакъон-макъон фæнда- гыл Хъуды хохы сæрмæ; мах цыдыстæм сæ фæстæ фистæгæй, цæлхытæм фæстейы цæлхдуртæ æвæргæ, бæхтæ-иу куы баста- дысты, уæд; афтæ нæм касти, цыма фæндаг арвмæ арæзт уыд, уыйхуызæн, уый тыххæй æмæ йæ цæст кæйонг ахста, уыйонг уый цыди иудадзыгдæр хæрдмæ, æмæ йæ кæрон ныгъуылди хо- лынхъæл уарийау, æхсæв-бонмæ Хъуды хохы сæр йæ фæллад чи уагъта, уыцы æврагъы мидæг; мит хъыс-хъыс кодта пæ къæх- ты бын; уæлдæф куыдфæстæмæ афтæ тæнæггæнгæ цыдис, æмæ зынæй улæфыдыстæм; туг минутæй-минутмæ бадти сæры; фæлæ уæддæр цавæрдæр æнахуыр циндзинад хъардта кæрæй-кæронмæ мæ тугдадзинтæн се ’ппæты мидæг, æмæ мæ зæрдæ уыди куыд- дæр хъæлдзæг — дунемæ афтæ уæлвонгæй кæй фæлгæсыдтæн, уый тыххæй: сывæллон ма фæхъуыды кæны афтæ, сæттын ыл, фæлæ адæймаг æхсæнады царды æгъдæуттæй куы адард вæй- йы æмæ æрдзмæ куы фæхæстæгдæр вæййы, уæд бар-æнæбары дæр свæййы сывæллонау: цыдæриддæр ссары адæймаг, цыдæ- риддæр исбон æм вæййы, уыдон йæ удæй азгъæлынц, ахицæн вæ(ййынц, æмæ та уд свæййы фæстæмæ, раджы кæддæр куыд уыдис æмæ та, æвæццæгæн, искæд куыд уыдзæн, афтæ. Мæ хуызæн ма чи фæхатти афтид æдзæрæг хæхты сæрты æмæ уы- 164
дон диссаджы рæсугъд уындмæ йæ фаг бæстон чи фæкаст, уы- дон, кæмттæ дзаг цы удхос уæлдæфæй сты, уымæй йæ фаг зыд .æлвæстæ чи фæкодта, уый, ай-гъай, бамбардзæн, мæн куыд тынг фæнды радзурын, нывæвдыст ракæнын уыцы нæртоны рæсугъд хуызтæ, уый. Уалынмæ цæмæйдæрты схылдыстæм Хъу- ды хохы сæрмæ, æрлæууыдыстæм æмæ алырдæм афæлгæстытæ кодтам: йæ уæлæ æрзæбул и цъæх æврагъ æмæ йæ уазал комы- тæфæй æртхъирæн кодта, рæхджы уад кæй ракæргдзæн, уымæй; фæлæ хурыскæсæн уыднс афтæ ирд æмæ сызгъæрпнхуыз, æмæ нæ дыууæйæ дæр, ома, мæн æмæ штабс-капитанæй, уыцы æв- рагъ бынтондæр ферох ис... О, штабс-капитанæн дæр зæгъын: уый тыххæй æмæ хуымæтæджы адæмы зæрдæ æрдзы рæсугъд- дзинад æмæ стырдзпнад сæдæ хатты тыхджындæр æмæ арф- дæр æнкъары махæй, дзыхы ныхæстæй æмæ гæххæттæй сыл нæртоны рæсугъд уацтæ чи хæссы, уыдонæй. — Ды, æнхъæлдæн æмæ, сахуыр дæ ам æрдзы рæсугъддзн- нæдтæм кæсыы? — загътон ын æз. — О, нæмыджы цъуых-цъуыхыл дæр ма куы сахуыр вæйны лæг, ома, йæ зæрдæйы æнæбары гуыпп-гуыпп æмбæхсыныл дæр. — Æз та уæдæ афтæ фехъуыстон, цыма зæронд æфсæд- донтæй иуæй-иутæн уыцы музыкæ æхсызгон дæр ма вæййы, уыйау. — О, раст дын куы зæгъон, уæд æхсызгон дæр у, уæд та æрмæст уымæн, æмæ зæрдæ тынгдæр кæй фæцæвы. Акæс-ма,— зæгъгæ, фæкодта уый хурыскæсæнырдæм амонгæйæ,— цы дис- саджы бæстæ у, цы! Æмæ æцæг, ахæм рæсугъд, ахæм райдзаст ран, æвæццæгæн æмæ мæ къухы фенын мæнæн æппындæр никуыуал бафтдзæн: нæ бынмæ уыди К/ьайсауырты астым, кæцыйыл дыууæ æвзпст хæрдгæ тагау згъордтой цæхгæрмæ Арагви æмæ ноджыдæр иу къаннæг цæугæдон; цъæхбын мигъ бырыд астымыл æмæ рай- сомы хъарм хуры тынтæй лыгъдис æмæ æмбæхста йæхи æвзахс- дæр кæмтты нарджыты; рахизырдыгæй æмæ галиуырдыгæй мит æмæ къудзитæй æмбæрзт хæхты къахыр цъуппытæ ныддаргъ сты уæлдæр-дæлдæртæй, кæрæдзийы цæхгæрмæ лыггæнгæ; дæрд- дзæф дæр гъеуыцы хæхтæ, фæлæ дзы, мара-зæгъай æмæ дыууæ къæдзæхы æмхуызон уой; æмæ утæппæт миттæ æгасæй дæр сыгъдысты сырхбын æрттывдæй афтæ хъæлдзæг, афтæ ирд, æмæ загътаис, тæхуды ’мæ мыггагмæ дæр ам цæргæйæ баззай; хур йæ был цъус сдардта тарбынцъæх хохы чъылдымæй; æр- мæст дæсны, фæлтæрд цæст раиртæстапд уыцы хохы саха уары- ны мигъæй, фæлæ хуры сæрмæ лæууыди тугдæлм, æмæ ме ’мбал пæ каст æгасæй дæр скодта гъеуымæ. «Æз дын куы дзырдтон,—загъта уый,—абон æвзæр бон уыдзæнис, зæгъгæ; фæ- 165
тагъд кæнын хъæуы, кæннод нæ, чи зоны ’мæ Дзуары ’фцæгыл куы раййафа. Гъæй зæгъут!» — зæгъгæ, фæхъæр кодта уый бæх- тæрджытæм. Бакодтам цæлхыты бын рæхыстæ бырæнты бæсты, цырын куыд нæ кодтаиккой, уый тыххæй, бæхтæн ныххæцыдыстæм сæ рохтыл æмæ фæуырдыг кодтам: рахизырдыгæй уыднс айнæг къæдзæхæй ахæм дæлджинæг, æмæ дзы бынæй цы æнæхъæн нрон хъæу цардис, уый зынди æгасæй зæрватыччы ахстоныйас: æз тæссæй срызтæн, ацы ран арæх, æхсæв æнафоны айхуызæи фæндагыл, дыууæ уæрдонæн фæзилæн кæм нæй, уым цавæрдæр къулер афæдз иу-дæс хатты кæй рацæуы, йæ уыргæфтæн уæр- донæй æддæмæ нæ рахизгæйæ, уый куы ахъуыды кодтон, уæд. Нæ бæхтæрджытæй иу уыди уырыссаг, ярославаг музуккаг, ин- нæ та—ирон: ирон ласта астæуыккаг бæхы йæ рохтæй хъавгæ- хъавгæ, арæхстгай цæугæйæ, уырдыджы зын уромæн чи уыдис„ уыдон раздæр феуæгъд кодта, афтæмæй,— нæхи стырзæрдæ, æнæмæт уырыссаг та йæ бадæнæй хизгæ дæр нæ ракодта! Æз; ын куы загътон, мæ чумæданы тыххæй дæ уæддæр иучысыл ба- мæт кæнын хъуыди, кæннод мæ далæ уыцы æнæбынмæ бырыи æппындæр нæ фæнды, зæгъгæ, уæд мын хуыздæр дзуаппæн загъта: «Уæ ме ’лдар, тæрсгæ ма кæн! Хуыцауы куы фæнда, уæд мах уыдонæй æвзæрдæр нæ ныццæудзыстæм: фыццаг хатг мын куы нæ у, миййаг»,— æмæ бæгуыдæр, уый раст дзырдта: чи зоны ’мæ, æцæг, мах æвыдæй нæ ныпирвæзтаичкам, фæлæ цыдæриддæр уыдис, уæддæр ныххæццæ стæм; æмæ адæм сегас дæр фылдæр хъуыды куы кæниккой, уæд сæ бауырнид, цардыл мæт цас кæнынц, уый аргъ кæй нæу, уый... Фæлæ уæ кæд, миййаг, Бэлæйы хабар цæмæн ахицæн, уып базонын фæнды? Фыццаджыдæр у, æмæ æз таурæгъ нæ фыс- сын, фæлæ фыссын фæндаггон цаугæ, æмæ уымæ гæсгæ мæ бон нæу штабс-капитаны ныхасыл домын, цалынмæ йæхæдæг ныхас кæнын рандыдта æцæг, уæдмæ. Æмæ уæдæ иучысыл багæдзæ кæнут, науæд та, кæд уæ фæнды, уæд иукъорд фарсы афæлда- хут; æцæг уын афтæ бакæнын æз нæ уынаффæ кæнын, уый тых- хæй æмæ Дзуары хохыл (кæнæ йæ ахуыргонд Гамба куыд хоны, 1е Моп! 5{.-СЬпз1:орЬе15 ахизыны хабар хъуамæ диссаг кæса1 уæ алкæмæ дæр. О, гъемæ æрцæйцыдыстæм Хъуды хохæй Арæ- ны астыммæ... Уый тыххæй, æмæ уыцы ран раджы кæддæр уы- дис Гуырдзыстоны арæн. Уыцы астым уыднс миты хъæпæнтæйг дзаг. Тынг бæлвырдæй мын лæууын кодтой мæ зæрдыл Сара- тов, Тамбов æмæ нæ фыдыбæстæйæн нæ иннæ уарзон, зæр- дæйæн адджын рæттæ. 15 Ье Моп! 51. СЬпзЬрЬе — сыгъдæг Христсфоры (дзуары) хох. 166
«Уæлæ дын уый та Дзуары хох!» — зæгъгæ, мын загъта щтабс-капитан, Арæны астыммæ куы ’рхызтыстæм, уæд, йæхæ- дæг мын ацамыдта йæ къухæй митын хæрвæй æмбæрзт къуы- бырмæ. Къуыбыры сæр сау-сауид дардта дурын крест, йæ фæр- сты та цыди чысыл, зына-нæзына бæрæг чи дардта, ахæм фабн- даг; уыцы фæндагыл фæцæуынц, иннæ фæндаг зæйты бын куы кыввæййы, æрмæст уæд; нæ бæхтæрджытæ нын загътой, нырма зæйтæ нæма ’рцыдысты, зæгъгæ, æмæ сæ бæхтыл куыд ауæр- стой, уымæ гæсгæ нæ аластой фæрсвæндагыл. Фæзилæнмæ куы бахæццæ стæм, уæд ныл амбæлдис иу-фондз ироны. Фæкæсæм уæм, зæгъгæ, ныххæцыдысты нæ цæлхытыл æмæ хъæр æмæ ахстгæнгæ байдыдтой нæ уæрдоны размæ ласын æмæ ирхæф- сын. Æмæ, æцæгдæр, уый уыдис тас фæндаг: рахизырдыгæй нæ тæккæ сæрмæ ауындзæгæй лæууыдысты æнæхъæн миты рæгъ- тæ, æвæццæгæн æмæ дымгæйы фыццаг æрбафуттæй дæр чи ’рхаудаид æмæ комы чи абадтаид, ахæмтæ; нарæг фæндаг æр- дæгмæ уыдис митæй æмбæрзт; уыцы мит-иу ранæй-рæтты ных- хауди къæхты бын, иннæ рæтты та хуры тынты хъармæй æмæ æхсæвы уазалтæй кодта их, æмæ йыл нæхуыдтæг дæр цыдыстæм зынæй: бæхтæ кодтой уысмæн фæкæл-фæкæл — галиуырдыгæй Ч1æ ком ныххæлиу кодта арф скъуыд; уым згъордта чысыл мæскъ дон, йæхи кæм ихдзары бын æмбæхстытæгæнгæ, кæм та фынккалгæ сау дурты сæрты гæппытæгæнгæ. Дыууæ сахатмæ бафæрæзтам мах тыхамæлттæй Дзуары хо- хы фæрсты æрбазилын,— дыууæ сахатмæ — дыууæ верстыл! Уалынмæ мигътæ дæлæмæ сæхи æруагътой, ныккалдта их, мит, дымгæ кæмттæм бырсгæ абухта, къуыззитт кодта Булæмæргъ- Абырæджы хуызæн, æмæ уайтагъд дурын крест фæаууон ис, йæ уылæнтæ иу иннæмæй бæзджындæр æмæ æнгомдæрæй кæмæн згъордтой хурыскæсæнырдыгæй, уыцы тар мигъы мицæг... О, уыцы кресты тыххæй баззад адæмы ’хсæн ахæм æнахуыр, фæ- лæ иумæйаг таурæгъ, цыма, дам, æй уыцы ран сæвæрдта пад- дзах Петр 1-æм, Кавказыл куы рацыдис, уæд, фæлæ, фыцца- джыдæр, Петр уыдис æрмæст Дагъыстаны, дыккаг та уый, æмæ кресты уæлæ ставд дамгъæтæй уыдис фыст, уый инæлар Ермо- ловы уынаффæйæ æвæрд кæй æрцыди 1824 азы, уый. Фæлæ йыл кæд афтæ фыст ис, уæддæр уыцы кой адæмы ’хсæн афтæ сфи- дар ис, æмæ, раст дын зæгъон, дæхæдæг дæр нæ зоныс, кæцы- йыл ма дзы æууæндай, уый, уæлдайдæр та уымæн æмæмахфыс- тытыл æууæндын нæ сахуыр стæм. Хъуыди ма нæ ноджыдæр иу-фондз версты уырдыгмæ цæуыи ихдзар къæдзæхтыл æмæ сæдзæн миттыл, Къобы станцæмæ цæ- мæй ныххæццæ уыданккам, уый тыххæй. Бæхтæ гæдыйы лæп- пынтау сысты, нæхуыдтæг иыргъæвстыстæм; тымыгъ гуыв-гуыв 167
кодта тынгæй-тынгдæр, раст нæхи ныййарæг цæгатон тымыгьы хуызæн; æрмæст йæ сонт, йæ хъæддаг хъæлæсы хатт уыди æн- къарддæр, æнтъыснæгдæр. «Ды та, хæтæнхуаг,— хъуыды код- тон æз мæхинымæр,— дзыназыс сыгъдæгæй дæр дæ уæрæх, дæ- тыгъд быдыртæ мысгæйæ! Уым дын ис дæ уазал базыртæн фаг айтындзæн, фæлæ дын ам у æнуд, къуындæг, йе ’фсæн къалатийы фæрстыл йæхи хъæргæнгæ чи хойы, уыцы цæргæсы хуызæн». — Хъуыддаг æвзæр у!—дзырдта штабс-капитан,— акæсут- ма, алырдыгæй куыд ницы зыны, андагъ мигъ æмæ мит; фæл- лойаг у дæлджинæгмæ асхъиуынæй, кæнæ искуы хохы цъассы фæбадынæй, далæ уым, дæлдæр та, чи зоны ’мæ Байдарæ афтæ раивылд, æмæ йыл хъуамæ æппындæр ахизæн ма уа. Ох, ацы Ази, уæвгæйæ та! Цы йæ адæмæй, цы йæ дæттæй загъдæуа — æууæнк сыл ницы ’гъдауæй ис! Бæхтæрджытæ хъæр æмæ ахстгæнгæ алывыд калгæ/надтой. сæ бæхты, фæлæ ма уыдон æрмæст хуыррытт кодтой, сæ хъæх- тæ ну ран ныццавтой æмæ, мара-зæгъай, кæд ма размæ истæй. тыххæй цæуой, ехсытæ сыл алы ’взагæй кæд уасыдысты, уæд- дæр. — Дæ уæздандзинад,— зæгъгæ, дзы загъта фæстагмæ иу,— уый зон, æмæ абон мах Къобмæ нæ ныххæццæ уыдзыстæм; нæ дæ фæнды, цалынмæ ма гæнæн ис, уæдмæ галиуырдæм фезда-^ хын? Да-алæ уым, къуыбырыл цыдæр сау дары,— æвæццæгæн, хæдзæрттæ сты: уым цæуджытæ кæддæриддæр ныллæууыши хорз рæстæг куы вæййы, уæд; мæнæ уый афтæ зæгъы, ныххæц- цæ дæ кæндзынæн, зæгъгæ, арахъхъы аргъ ын куы радтай, уæд,— загъта уый, иронмæ йæ къухæй амонгæйæ. — Зонын, æфсымæр, зонын æнæ дæу дæр! — загъта шгабс- капитан: — Ацы фæлитойтæ нозтмондагæй тона цæмæй нæ кæ- нынц, иу ахæм нæй. — Уæддæр ыл сæтгæ бакæн,— загътон æз,— уыдон нæ куы нæ уыдаиккой, уæд нын фыддæр уыдаид. — О, о, афтæ у, уæдæ цы,— зæгъгæ, бахъуыр-хъуыр кодта уый йæхинымæр.— Хорз фæндагамонджытæ сты, цæргæ кæ- нæнт! Смагæй зонынц, асдæринаг кæм ис, уый, хæрзаг зæгъынц, æнæ уыдон фæндаг ссарæн нæй. Баздæхтыстæм галиуырдæм, уæдæ цы уыдаид, æмæ куыд- дæртæ цæмæйдæрты бахæццæ стæм нæ мæгуыр фысымтæм, уым уыдис æгасæй дыууæ хæдзары къæйтæй æмæ дондурæй амад, сæ алыварс дæр ахæм быру. Нæ гом-æгæрццæг фысымтæ нæ зæрдиагæй бауазæг кодтой. Æз уыйфæстæ базыдтон, къæвда- тымыгъ кæй æрæййафы, уыцы бæлццæттæн фысым цæмæй уой> уый тыххæй сын хицауад фидгæ кæй кæны æмæ сæ хæсгæ кæй кæны, уый.— «Цы нæ ’рцæуа — хуыздæрæн! — загътон æз къо- найыл арты фарсмæ æрбадгæйæ,— ныр мын Бэлæйы тыххæй 168
дæ хабар æххæст йæ кæронмæ радзурдзынæ; æз афтæ ’нхъæл дæн, æмæ хъуыддаг ууыл нæ ахицæн ис». — Ау, æмæ цæй тыххæй афтæ æнхъæл дæ? —зæгъгæ, мын дзуапп радта штабс-капитан, йæхæдæг мæм йæ цæст ныкъул- гæйæ мидбылты хин худт бакодта. — Уый тыххæй æмæ афтæ никуы вæййы: æнахуыр хъуыдда- гæн йæ кæрон дæр хъуамæ уа кæддæриддæр йæ райдайæны хуызæн. — Цæй хорз æй базыдтай... — Æхсызгон мын у. — Дæуæн хъазын у, фæлæ мæнæн, раст дын зæгъон, мæ зæрдæ афтæ нынкъард вæййы, куы йæ ахъуыды кæнын, уæд, æмæ дын куыд зæгъон. Дзæбæх чызг уыди, мæгуыр, Бэлæ! Фæстагмæ йыл æз сахуыр дæн раст мæхи чызджы хуызæн, йæхæдæг дæр мæ уарзта. Хъуамæ уын æз зæгъон мæ хабар — бинонтæ мын нæй: мæ фыд æмæ мæ мад кæм сты æмæ цы сты, уымæн ныр иу-дыу- уадæс азы дæр æппын ницы зонын, ус ракурын та раздæр мæ .зæрды не ’рæфтыд—ныр ма исты бачындæуид, бæргæ, фæлæ гъа, цы цæсгомæй: гъемæ цинæй мардтæн, кæуыл узæлон, кæй буц кæнон, æгайтма ахæм ссардтон, зæгъгæ. Уый нын-иу куы заргæ, куы тымбыл кафт кодта... Æмæ кафгæ дæр кафæгау æнхъæл дæ! Федтон æз нæ губернæйаг чызджыты, иухатт та Мæскуыйы дæр фæдæн ну уæздан æмбырды, уæдæй нырмæ цæудзæн иу-дыууын азы,— фæлæ кæм! Р1æ рыджы дæр нæ зы- нынц уыдон!.. Григорий Александрович æй арæзта раст къæцæ- лын чындзау, хаста æмæ йæ дардта хæрзбуц, æмæ пæм афтæ дзæбæх, афтæ рæсугъд сспс æмæ диссаг; йæ цæсгом æмæ йæ къухты хурсыгъд цыдæр фæцис, йæ уадултæ туджы зылдысты... Уæд йæ хъæлдзæгæы æмбал та æппын нæ уыдис, æмæ æппыиæ- дзух дæр мæнæн хынджылæг кодта... Хуыцау ын бахатыр кæ- нæд!.. — Йæ фыды марды тыххæй йын куы загътат, уæд та йæ хабар куыд уыдис? — Уыцы хабар дзы мах бирæ фембæхстам, цалынмæ йæ ног ■царды уагыл нæ фæцахуыр ис, уæдмæ; фæлæ йын æй куы загъ- там, уæд иу-дыууæ боны акуыдта, стæй дзы ферох пс. Иу-цып- пар мæйы бæрц нæ хъуыддæгтæ иууылдæр цыдысты, хуыздæр нæ хъæуы, афтæ. Грпгорий Александрович, æнхъæлдæн æмæ ма дын æй дзырдтон,— тынг уарзта цуан: йæ уды быцъынæг æдзух скъуыдта хъæдмæ цæуыныл хъæддаг хуытæ ’мæ сæгуыттæ ма- рынмæ,— пыр та фидары быруйæ æддæмæ йæ къах уæддæр куы равæрид! Фæлæ кæсын, æмæ та лæг ногæй сагъæсы бацыдис, уаты къуымты дыууæрдæм рацу-бацу кæны йæ къухтæ йæ син- тыл æвæрдæй; стæп нухатт, æнæ искæмæн исты зæгъгæйæ, фæ- 169
раст ис гæрæхтæ кæнынмæ,— æнæхъæн райсом нал фæзынд; иу хатт, дыккаг хатт, стæй арæхæй-арæхдæр цæуын байдыдта. «АГг хорз хъуыддаг нæу,— загътои æз мæхинымæр,— сыгъдæгæй дæр сæ мыды къæм бахаудис». Иурайсом дын сæм бацыдтæн—абоны хуызæн мæ цæстытыя уайы: Бэлæ бадти сынтæгыл сау дари куырæты, фæлурс æмæ ахæм æнкъардæй, æмæ дзы тæрсгæ дæр ма фæкодтон. — Печорин та кæм ис? — бафарстон æз. — Цуаны. — Абон ацыднс? — уый ныхъхъус ис, цыма йын зын уыдис сныхас кæнын, уыйау. — Нæ, знон,— æрæджиау мæм сдзырдта уый, уæззау ныу- улæфыд, афтæмæй. — Мацы фыдбылыз ыл æрцæуæд? — Знон æз бонсауизæрмæ уыцы рахъуыды-бахъуыды фæ- кодтон,— загъта уый йæ цæстысыгтæ згъалгæйæ,— цы нæ фыд- былызтæ ауадис мæ цæстытыл: куы загътон, афонмæ йæ хъæд- даг хуы скъуыхтæ кодта, куы та — цæцæйнаг æй хохмæ аскъæф- та... Абон та мæм афтæ кæсын байдыдта, æмæ мæ, ныма, нае уарзы, уыйау. — Раст дын зæгъон, мæ хур, уымæй фыддæр исты æрхъуы- ды кæнын дæ бон нæ бауыдаид! — Чызг скуыдта, стæй йæ сæр хъалгомау, хиуыл æрвæсгæйæ уæлæмæ систа, асæрфта йæ цæс- тысыгтæ æмæ райдыдта дарддæр ныхас кæнын: — Кæд мæ нæ уарзы, уæд æй чи нæ уадзы мæн мæ цæгатмæ арвитын? Мæхи йыл тыххæй куы нæ бæттын. На уый нæй, дард- дæр афтæ куы кæна, уæд æз мæхæдæг ацæудзынæн: æз ыч ца- гъар нæ дæн, миййаг, æз дæн кънйазы чызг!.. Æз ын дзурын систон,— «Æрбайхъус-ма, Бэлæ, мæ хур, уы- мæн æнусмæ нæй ацы ран, дæ фарсмæ бадæн, цыма дæ къа- байыл хуыд у, афтæмæй: уый лæппулæг у — уарзы сырддзуаны ауайын, арацу-бацу кæндзæн, стæц та йæ ардæм нæ хъæуы, миййаг; фæлæ ды йæ фæстæ афтæ ку’ы хъыг кæнай, уæд дæ уай- тагъддæр сфæлмæцдзæн, йæ зæрда? дæ фæхаудзæнис». — Æцæг, æцæг! — фæлтау хъæлдзæг уыдзынæн,— загъта* Бэлæ.— Æмæ кæл-кæлгæнгæ фæлæбурдта йæ дайрамæ, райдыд- та цæгъдын; зарын, кафын æмæ мæ;алыварс гæпиытæ кæнын; фæлæ та уыцыхуызæнæй дæр бирæ нæ ахасга, йæ хуыссæны та бахауд æмæ йæ цæсгом йæ къухтæн бамбæрзта. Цæй, цы ма йын акодтаин? Раст дын зæгъой, сылгоймагимæ* мæ æппын хъуыддаг никуы уыдис; рахъуыды-бахъуыды фæкод- тон, уæдæ йын йæ зæрдæ цæмæй фæлæууын кæнон, æмæ нииы æрхъуыды кодтон; иудзæвгар нæ дыууæ дæр гобийæ,- æнæсдзур- гæйæ аззадыстæм... Æвзæрдæр ма цы раны фæуа лæг! 170
Фæстагмæ йын æз загътон: «Фæнды дæ, уæд цом уæртæ бы- руйы æддемæ, иучысыл тезгъо акæнæм! замманайы бон у!» — Уый уыдис сентябры мæйы. Æмæ æцæгдæр бон уыдис диссаджы хорз, ирд, афтæмæй æнтæф дæр нæ уыд; хæхтæ цы уыдысты, уымæй зындысты рæсугъд, армытъæпæныл зынæгау. Ацыдые- тæм, фидары æмбонды уæлæ дыууæрдæм арауай-бауай кодтам æнæдзургæйæ, фæстагмæ уый æрбадтис нæууыл, æз дæр йæ фарсмæ æрбадтæн. Иудзырдæй, худæг у, куы ахъуыды кæнын, уæд: раст цыма сывæллонгæс уыдтæн, уыйау цъил фестадтæн йæ фæдыл. Нæ фидар уыдис бæрзонд- ран, æмæ æмбонды сæрæй хæе- гæйæ нæ алфамбылай æгасæй дæр зындис тынг рæсугъд, иуы- рдыгæй — фæтæн æрдуз, цалдæр æрхæй къæхтытæ, йæ кæрон æндзæвыди хъæдыл, суанг хæхты хæрз рагъмæ чи æххæссыд, ууыл, ранæй-рæтты дзы фæздæг цыди чысыл хъæутæй, рацу- ’бацу дзы кодтой рæгъæуттæ; иннæрдыгæй згъордта тæнæг цæу- гæдон, йе ’мбуар — бæзджын цъыхыры, уый æмбæрзта, Кавказы хæхты ахъаззагдæр рагъимæ иу чи кодта, уыцы схондур бæр- зæндтæ. Мах бадтыстæм бастионы тигъыл, æмæ нын уыдис дыу- уæрдæм алцыдæр уынæн. Кæсын, æмæ дын мæнæ рацæуы хъæ- дæй чидæр цъæх бæхыл бадгæ, кæны хæстæгæй-хæстæгдæр, уа- лынмæ доны фаллаг фарс ныллæууыдис, уыдаид нæм афгæ иу- сæдæ сардзинмæ ’ввахс, æмæ, гъæйдæ-мардзæ, цыма хæйрæдж- джын уыд, уыйау райдыдта йæ мидбынат цъилау зилын. Ан цы днссаг уа! — «Кæс-ма, Бэлæ,—зæгъгæ, йæм дзурынæз,—дæуæн лæппын цæстытæ ис, уый цавæр къæнт барæг уа, кæй хъæлдзæг кæнынмæ æрбацыд цымæ?..» Уый фæкастис æмæ фæцъæхахст кодта: «Уый Казбич у!» — У-у, абырæг! Уый нæм ардæм хынджылæг кæнынмæ æрба- дыдис? — Кæсын æдзынæг æмæ, бæгуыдæр—Казбич йæхæдæг: йæ саулагъз фыдуынд цæсгом, скъуыдтæ, чъизи, кæддæриддæр ’куыд вæййы, афтæ.— «Уый мæ фыды бæх у»,— загъта Бэлæ, йæ- хæдæг мын мæ цонгмæ фæлæбурдта. Раст сыфтæрау рызтис æмæ йæ цæстытæ цæхæртæ калдтой.— «А-гъа!—загътон мæхи- нымæр, æнцад куы нæ лæууы, куы нæ, мæ удыгага, абырæджы туг дæ буары дæр!» — Ардæм-ма рацу,— зæгъгæ, фæдзырдтон æз хъæхъхъæнæг- мæ,— фен дæ топп æмæ мын æрис йæ бæхæй уартæ уыцы лæг- гаджы,— бакусдзынæ æвзист сом.— «Хъусын дæм, дæ бæрзоид- дзинад; æрмæст иу ран нæ лæууы...» «Æмæ йын зæгъ!» — загъ- тон ын æз худгæйæ... «Гъе, мæ хæлар,— зæгъгæ, фæхъæр кодта хъахъхъæнæг, йæ къух æм фæтылдта, афтæмæй,— æнцад æр- лæуу иучысыл, цъилау цы знлыс? — Казбич æцæг дæр фæлæу- 171
уыд æмæ йæм дзæбæхдæр хъусын байдыдта: йæ зæрдæйæ загъ- та, йемæ ныхасыл сбæндæн уыдзæнпс, зæгъгæ,— фæлæ куыд. кæ!.. Мæ грснадер æм фæхъавыд... гæрах!.. æмæ нæмыг йæ фæр- сты афардæг,— топпыхос æрмæст хъусыл ныттæпп кодта; Каз- бич бæхы фесхуыста, æмæ бæх фæрсырдæм асæррæтт ласта. Йæхæдæг æгъдынцæйттыл алæууыд, сæхпрдыгонау æм цыдæр ныхъхъæр кодта, ныттылдта йæм ехс æмæ адымдта. — Гъæ, уайых фæуай! — загътон æз хъахъхъæнæгæн. — Дæ бæрзонддзинад! мæлынмæ фæцæуы,—загъта . хъахъ- хъæнæг,— ахæм æлгъыст адæм кæм ис, æвиппанды йæ пицæГг тыххæй фæмард кæндзынæ. Сахаты цыппæрæм хай фæстæдæр Печорин цуанæн æрыз- дæхтис; Бэлæ йæм йæхи баппæрста æмæ йе ’фцæдчш ныттых- стис, иу хъаст, иу уайдзæф ын нæ ракодта, æрæгмæ кæн æрцы- ди, уый тыххæй... Афтæмæй ма йæм æз дæр смæсты дæн.— «Уый. цы хъуыддаг у,— дзырдтон ын æз,— мæнæ ныртæккæ ам уыдпс. доны фале Казбич, æхсгæ дæр æй фæкодтам; куы дыл æрæм- бæлдаид, уæд та? А хæххон адæм фыд-зæрдæ, мастисаг адæм сты: афтæ ’нъхæл дæ, æмæ не ’мбары, ды дæр кæй æххуыс код- тай Азæмæтæн, уый? Æз та хæснаг кæнын, уый абои Бэлæйьг кæй базыдта, ууыл. Æз æй зонын, иу афæдзы размæ йæ зæрдæ- мæ тынг кæй цыдис, уый,—йæхæдæг мын дзырдта,—æмæ дзæв- гар ирæд æрæмбырд кæныныл йæ зæрдæ куы дардтаид, уæд æй, æвæццæгæн æмæ, ракуырдтаид...» — Уыцы ныхæстæм Печоршг сагъæсы фæци. «О,— дзуапп радта уый,— хи хъахъхъæнын хъæ- уы бæлвырд... Бэлæ, абонæй фæстæмæ фидары æмбондмæ ма- куыуал ацæуай». Изæры фæкодтон йемæ дæргъвæтин ныхас; мæнæн хъыг уыдис, афтæ тагъд кæй аивта йæ зæрдæ уыцы мæгуыр чызгыл, уый; боны ’мбис цуаны кæй хаттис, уымæй уæлдап ма йыл стырзæрдæ дæр ссис, узæлыд ыл стæм хатт, æмæ чызг райдыд- та цæстæй уынгæйæ уæлхъæдæй хус кæнын, йæ гыццыл цæсгом ныддаргъ ис, дынджыр цæстытæ ныттар сты. Куы-иу æй бафарс- таис: «Цæуыл ныуулæфыдтæ, Бэлæ? истæуыл æнкъард дæ?» — уæд-иу йæ дзуапп: «Нæ!»—«Дæ зæрдæ исты зæгъы?»— «Нæ!»— «Дæ хæстæджыты мысыс, миййаг?»—«Мæнæн нæй хæстæджы- тæ». — Афтæ-иу уыд, æмæ бонсауизæрмæ дзы «о» æмæ «нæ» йедтæмæ æндæр ницы фехъуыстаис. Гъеуый тыххæй йын æз райдыдтон дзурын изæры. «Æрбайхъус-ма, Максим Максимыч,—зæгъгæ, мын загъта уый,— мæ зæрдæйы конд æмæ хатт сты стыр æнамонд; ме схъо- мыл, ме схасты аххосæй афтæ дæн, æви мæ хуыцау афтæмæй сфæлдыста — нæ зонын; æрмæст уый зонын, æмæ кæд исчи мæ~ сæраппонд æнамонд у, уæд мæхæдæг дæр къаддæр æнамонд нæ- 172
дæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый уыдонæн хорз зæрдæнцойы хос нæу—фæлæ хъуыддаг афтæ кæй у, уый бæлвырд у. Мæ лæппуйы фыццаг бонтæй фæстæмæ, мæ хæстæджытæн цæстда- ринаг цы минутæй фæстæмæ нал уыдтæн, уæдæй нырмæ рай- дыдтон æз, æхцайæ ссарæн кæмæн ис, уыцы дзæбæхдзинæдтæй цæрддзуйæ мæ фарчы хай тонын æмæ, ай-гъай, мæ зæрдæ сæ фæтахтис, сæнад мын сты. Уыйфæстæ мæхи байстон стыр адæм- ты ’хсæнмæ æмæ та уайтагъд адæмæй дæр схъыг дæн; бауарзтоп- иу уæздан рæсугъдты, сæхуыдтæг дæр мæ-иу уарзтой, фæлæ мын сæ уарзондзинад уыдис æрмæст бузныджы хос мæхицæй, мæ зæрдæ та афтидæй баззадис. Æз райдыдтон чннгуытæ кæ- сын, ахуыр кæнын — наукæтæй, ахуырæй дæр схъыг дæн; æз федтон, кад дæр æмæ амонд дæр æппынцæр уыдоныл баст кæй не сты, уый, уый тыххæй æмæ адæмæн сæтæккæ амондджындæр- тæ сты æнахуыргондтæ, кад та у сарæхстæй, æмæ къухы цæмæй бафта, уый тыххæй хъæуы æрмæст сæрæндзинад, дæсныдзипад. Уæд райдыдтон хъыг кæнын... Уайтагъд мæ Кавказмæ раивтой: уый уыдис мæ цардæн йæ тæккæ амондджындæр рæстæг. Мæ зæрдæ дардтон æз, цæцæйнаг нæмгуыты æхситмæ хъыг нал кæндзынæн, зæгъгæ, фæлæ — ницы: мæймæ æз афтæ сахуыр дæн сæ цъуых-цъуыхыл æмæ адзалы æмхицдзинадыл æмæ, раст дын зæгъон, къогъоты фылдæрмæ дардтон,— æмæ та фыццагæй тынгдæр хъыг кæнын байдыдтон, уый тыххæй æмæ æз фæдæн æнæхай мæ фæстаг ныфсы цъырттæй. Æз куы федтон Бэлæйы мæхи хæдзары, æппæты фыццаг хатт ын мæ уæрджытыл дар- гæйæ йæ сау къæбæлдзыг хилтæн батæ куы кодтон, уæд, æрра мæхæдæг, афтæ фенхъæлдтон, æмæ уый у зæд, тæригъæдгæнаг, фæлмæнзæрдæ хъысмæт мын кæй рарвыста, уый... Æз та но- джыдæр фæрæдыдтæн: хъæддаг, æнæфенгæ сылгоймаджы уар- зондзннад чысыл йедтæмæ хуыздæр нæу уæздан, номдзыд æх- спны уарзондзинадæй; иуы æнахуыргонддзинад æмæ зæрдæ- хæлардзинад куыд фæлмæцын кæнынц, иннæйы зæрдæмæ- цæуæн митæ дæр афтæ фæлмæцын кæнынц. Раст куы зæгъон, уæд ма йæ æз уарзын ныр дæр, æз дзы бузныг дæн, йемæ фаг ад- джынæй цы къорд минуттæ арвыстон, уыдон тыххæй, æз уый сæрыл æрхæсдзынæн мæ цард, æрмæст йемæ хъыг кæнын... Æдылы дæн æви фыдгæнæг, уымæн ницы зонын; æрмæст уый æцæг у, æмæ æз дæр тынг тæригъæддаг кæй дæн, чи зоны æмæ уымæй дæр ма тынгдæр: мæ уды мын фехæлдта уæздан дуне, мæ зонд у æнæнцой, зæрдæ кæрæф — æнæфсис; мæнæн алцыдæр чысыл у: хъыгдзинадыл фæцахуыр вæййын рогæй,— æхсызгон- дзинадыл куыд фæцахуыр вæййын, афтæ, æмæ мæ цард кæны бонæй-бон афтиддæр; баззадис ма мын иу фæрæз: балцы цæ- уын. Куыддæр мын гæнæн фæуа, афтæ араст уыдзынæн,— æр- 173
мæст Европæмæ нæ, хуыцау бахизæд! — Ацæудзынæн Америкæ* мæ, Аравимæ, Индимæ,— кæд æппын æмæ искуы фæндагыл амæлин! Æппын ницы, фæлæ мæн тынг уырны, а фæстаг ныфс мæнæн тагъд кæй не сихсийдзæн уадты æмæ фыдвæндæгты руа- джы, уый». Афтæмæй фæныхас кодта бирæ, æмæ йæ ыыхæстæ арф бахызтысты мæ сæрмæ, уый тыххæй æмæ фыццаг хатт фехъуыстон æз ахæм хабæрттæ дыууын фондзаздзыд лæппуйæ, æмæ сæ хуыцау фæстаг хатт фæкæнæд... цы диссаг уа! Зæгъ-ма, табуафси,— ныхас кодта дарддæр штабс-капитан мæнырдæм раздæхгæйæ,—мæнæ ды, æнхъæлдæн, уыдтæ столицæйы къорд хатты, стæй ныр æрæджы дæр: ау, уымы фæсивæд иууылдæр афтæ сты? Æз ын дзуапп радтон, бирæ дзы ис, афтæ чи дзуры, ахæм адæймæгтæ; ис дзы, æвæццæгæн, ахæмтæ дæр, æмæ раст чи дзуры; фæлæ уæддæр цардыл стырзæрдæдзинад, къухауыгъд, модæтæ се ’ппæт дæр куыд вæййынц, афтæ адæмы бæрзонддæр, уæлдæр фæлтæртæй райдайгæнæ æрцыдис дæлæмæ — бипæг- тæм, æмæ йæ уыдон дарынц, цалынмæ фæуа, уæдмæ, æмæ ныр, æппæтæй тынгдæр æмæ бæлвырд хъыг чи кæны, уыдон арха- йынц уыцы æнамонддзинад æмбæхсыныл, аипп кæй у, уымæгæс- гæ.— Штабс-капитан нæ бамбæрста уыцы лыстæг ныхæстæ, банкъуыста йæ сæр æмæ мидбылты хинæйдзаг худт бакодта: — Уæддæр, æвæццæгæн, францусæгтæ рауагътаиккой хъыг кæныны модæ, æндæр чи? — Нæ, англисæгтæ. — А-гъа, афтæ у, уæдæ!..— загъта штабс-капитан,— æмæ уыдон рагæй-æрæгмæ дæр расыггæнæгтæ куы уыдысты!.. Уыцы ныхæстæм мæ зæрдыл æрбалæууыд иу мæскуыйаг æх- син, афтæ чи дзырдта: Байрон уыди дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр расыггæнаг лæг, æндæр ницы, зæгъгæ. Уæвгæ, штабс-капитаны ныхæстæ æнцондæр пыббарæн уыдысты: нуазгæ цæмæй нæ код- таид, ууыл архайдта уый, ай-гъай, дунейыл цы фыдбылызтæ цæуы, уыдон иууылдæр нозты фæдыл вæййынц, зæгъгæ, уыцы зонд йæхицæн æмбарын кæныныл. Уыйфæстæ та райдыдта йæ ныхас дарддæр кæнын афтæ: — Казбич уæдæй фæстæмæ нал зынднс. Æрмæст мæхæдæг дæр нæ зонын, цæмæн уыд, нал æмæ нал фæрæзтон мæ сæрæп иу хъуыды раппарын — уый нæм хуымæтæджы не ’рцыдис, нс- ты фыдбылыз нын аразы сыгъдæгæй дæр, зæгъгæ. Иухатт куы уыдис, уæд та мæ Печорин нал уагъта — цом мемæ хуыдзуаны, зæгъгæ. Исдугмæ йын нæ разы кодтон: цæй, цанæбæрæджы диссаг мып уыд хуы! Фæлæ, мара-зæгъай, æмæ мæ н^ууадза — аласта мæ йемæ. Айстам немæ иу-фондз салда- ты æмæ сæумæраджы араст стæм. Дæс сахатмæ кæм хъæзы, 174
кæм хъæды фæраныгъуыл-баныгъуыл, фæрабыр-бабыр кодгам— сырд зынæг нæй. «Гъæй, нæхимæ цæуынæй цы зæгъут? — дзу- рын æм æз,— цы ныффæрск стут? Бæрæг куы у, ай нын æнамонд бон кæй скодта, уый!» — фæлæ, кæд ныфæнды æнтæф уыд, æмæ фæллад уыдыстæм, уæддæр Григорий Александрозичы нæ фæн- дыд æнæ амæттагæй нæхимæ здæхын... Ахæм лæджы мыггаг уыд уый: цы сфæнд кодта, уый йын æри; бæрæг уыд, чысылæй йæ нана къулбадæгахуыр кæй скодта, уый... Фæстагмæ, æмбкс- бон куы уыд, уæд ссардтам уыцы налат хуыйы — гæрах! гæрах!.. зæгъгæ, фæлæ... никуы ’мæ ницы: хъæзбыны афардæг... ахæм æнамонд бон кæм уыдис!.. Уыйфæстæ цъус нæ фæллад суагъ- там æмæ рараст стæм нæхимæ. Мах цыдыстæм фæрсæй-фæрстæм, æнæдзургæйæ, нæ бæхтæн сæ рохтæ суагътам, афтæмæй, æмæ уадидæгæн дæр уыдыстæм тæккæ фидары раз; æрмæст ма йæ пыхс аууон дардта махæй. Æвиппайды гæрах фæцыдис... Мах бакастыстæм кæрæдзимæ: нæ зæрдæйы смидæг уыцы иухуызон æнæууæнкдзинад... Сонт тахт акодтам мах топпы гæрахмæ — кæсæм æмæ æмбонды уæ- лæ салдæттæ лæууынц дзыгуырæй æмæ амонынц быдырмæ, уым та фатау уасурæй фæтæхы барæг æмæ хæцы урс цæуылдæр саргъы уæлæ. Григорий Александрович, цыфæнды цæцæйнагæй дæр фыддæр нæ уыдаид, афтæ сцъæхахст кодта; топп агъудæй фелвæста — æмæ уырдæм; æз йæ фæстæ. Нæ амондмæ гæсгæ нæ цуан рæстмæ кæй нæ фæцис, уый тыххæй нæ бæхтæ нæ уыдысты фæлмæцыд: æмæ саргъы бын сæ гæндзæхтæ размæ тыдтой, æмæ алы цæстыныкъуылдмæ дæр кодтам æввахсæй-æввахсдæр... Æмæ, фæстагмæ, æз базыдтон Казбичы, æрмæст нæ фæрæзтон раиртасын, йæ размæ цæуыл хæцыд, уый. Æз уæд баййæфтон Печорины æмæ йæм хъæр кæ- нын: «Уый Казбич у!..» — Уый мæм фæкаст, йæ сæр æркъуырд- та æмæ бæхы ныцъцъыкк кодта ехсæй. Мæнæ йæ уалынмæ баййæфтам топпæхсты бæрцмæ; фæлмæ- цыд уыдис Казбичæн йæ бæх, æвп махонтæй цауддæр уыд, нæ зонын, æрмæст ын цы нæ кодта, уæддæр ын размæ уанæбæрæг нал æнтыст. Æз афтæ ’нхъæл дæн, æмæ уыцы минут йæ Кара- гйоз йæ зæрдыл æрбалæууыдаид... Кæсын: Печорин уыцы уайгæ-уайын топпæй ныхъхъавыдис... «Ма фехс! — зæгъгæ, йæм хъæр кæнын,— дæ æхстыл ауæрд; æнæуый дæр æй баййафдзыстæм».— Бæллæх сты ацы фæсивæд! æдзух та æнæхъуаджы тæвд кæнынц... фæлæ гæрах ацыдис, æмæ нæмыг бæхæн йæ фæстаг къах фæмур кодта; уый ма йæ тæвдæй акодта иу-дæс гæппы, стæй уæд фæкалдис æмæ æрхаудис йæ зонгуытыл. Казбич рагæпп кодта, æмæ уæд ауыдтам, йæ цæнг- тыл æмбæрзæны тыхт сылгоймаг кæй уыдис, уый... Уый уыдис !75
Бэлæ... мæгуыр Бэлæ! — Уый нæм цыдæр ныхъхъæр кодта сæ- хирдыгонау æмæ Бэлæйы сæрмæ хъама бахаста... фæстиат гæ- нæн нал уыдис: æз дæр фехстон, цы уа, уый уæд, зæгъгæ; æвæц- цæгæн, нæмыг бацыд йе уæхсчы, уый тыххæй æмæ æвиппайды йæ къух æруагъта дæлæмæ... Фæздæг фæйнæрдæм куы апырх ис, уæд зæххыл дæргъæй лæууыд цæф бæх æмæ йæ цуры Бэлæ, Казбич та йæ топп аппаргæйæ, къудзитыл хæцгæ, гæдыйау бы- рыдис хæрдмæ къæдзæхмæ: фæндыд мæ уый уырдыгæй æри- сын — фæлæ мæм æхст цæттæ нал уыдис. Мах нæ бæхтæй ра- гæппытæ кодтам æмæ Бэлæмæ фестæм. Уый, мæгуыр йæ бои, лæууыдис æнæзмæлгæйæ, æмæ йæ цæфæй туг сæх-сæхæй кал- дис... Хуыцауы налат: уæд та йын йæ зæрдæ куы бацавтаид — гъа, нал уыдис гæнæн, уæд ын уыцы иу хаттæй цы хъуыди, уый куыд бакодтаид, кæннод фæсонты... Хæрзхæрам абырæджы цæф! Æмбаргæ ницыуал кодта. Мах ын йе ’мбæрзæн гскъуыд- тæ кодтам æмæ йын йæ цæф, гæнæн цас уыд, уыйбæрц æнгом- дæр бабастам; Печорин ма йын дзæгъæлы батæ кодта йæуазал былтæн,— иæй, йе ’муд æрцæуынæн ын ницыуал амал уыдис. Печорин сбадтис бæхыл; æз æй систон зæххæй æмæ йын æй цæмæйдæрты сæвæрдтон йæ саргъыл: уый йыл йæ къухæй æр- бахæцыд йæхимæ æмæ рацыдыстæм фæстæмæ. Цалдæр минуты пыл ацыд æнæдзургæйæ, стæй мын уæд Григорий Александро- вич загъта: «Æрбайхъус-ма, Максим Максимыч, мах æй ацы хуызæнæй удæгасæй бынатмæ нал фæхæццæ кæндзыстæм». — <'Бæгуыдæр!» — загътон æз, æмæ нæ бæхты сæ тых-сæ бонæй ауагътам. Махмæ фидары кулдуары цур æнхъæлмæ кастис бп- рæ адæм; арæхстгай бахастам цæфы Печорины уатмæ æмæ ар- выстам хосгæнæгмæ. Уый расыг кæд уыд, уæддæр æрцыд; фед- та хъæдгом æмæ загъта, иу бонæй фылдæр ын фæцæрæн нал пс, зæгъгæ; æрмæст уый фæрæдыдис... — Сдзæбæх ис? — афарстон æз штабс-капитаны, мæхæдæг ын йæ цонгмæ фæлæбурдтон æмæ куыддæр сцин кодтон. — Нæ,— загъта уый,— фæлæ хосгæнæг фæрæдыдис уымæй, æмæ ма Бэлæ ацардпс дыууæ боны. — Бамбарын мын кæн, куыд æгъдауæй йæ аскъæфта Казбич? — Мæнæ куыд уыднс уый: Печорин æй кæд иæ уагъта, уæд- дæр Бэлæ рæцыдис фидарæй доны былмæ. Уыди тынг æнтæф бон; уый æрбадтис дурыл æмæ пæ къæхтæ доны ауагъта. Уа- лынмæ Казбич æрбахъуызыдис — фæлæбурдта йæм, йæ дзых ын балвæста, къудзийы астæумæ йæ бадавта, уым бæхмæ сгæпп кодта æмæ, гъæйтт, зæгъгæ, тæхгæ! Фæлæ ма Бэлæйæн ныхъ- хъæр кæнын йæ къухы бафтыдис; хъахъхъæнджытæ схтюмпал сты, фæгæрах кодтой, фæлæ иувæрсты, уæдмæ мах дæр бахæц- цæ стæм. 176
— Æмæ йæ уæддæр цæмæн скъæфта Казбич, дæ хорзæхæй? — Цæмæн куы зæгъай, уæд ацы черкестæ сты номхæссæны къæрных адæм: уæлæнгай цы ссарой, уымæн сын иæй æнæ ас- сивгæ: иуæй-ну хатт æй хъæугæ дæр нæ фæкæны, уæддæр -æй адавы... уый тыххæй сæ рихи даст у! Ноджы — йæ зæрдæмæ дæр рагæй цыд. — Æмæ Бэлæ амардис? — Амардис; æрмæст бирæ фæудхар кодта, æмæ йемæ мах дæр дзæвгар фæхъизæмар кодтам. Изæры дæс сахатмæ ’взахс уый йе ’муд æрцыдис; мах бадтыстæм йæ хуыссæны раз; куыд- дæр йæ цæстытæ райгом кодта, афтæ уайтагъд дзурын байдыд- та Печоринмæ. «Æз ам дæн, дæ цуры, мæ хуры хай» — зæгъгæ, йæм сдзырдта уый, йæхæдæг ын ныххæцыд йæ къухыл. «Æз амæлдзынæн!»—сдзырдта Бэлæ. Мах ын райдыдтам зæрдæтæ æвæрын, дзырдтам ын, хосгæнæг дзырд радта, æнæмæнг дæ сдзæбæх кæндзæнис, зæгъгæ; уый банкъуыста йæ чысыл сæр «æмæ йе ’ргом къулырдæм аздæхта: нæ йæ фæндыд мæлын!.. Æхсæвы байдыдта сæнттæ цæгъдын; йæ сæр арт уагъта, хатгай-иу йæ буар æгасæй дæр ихæнриз скодта; дзæгъæл, æнæ- баст ныхас ыл бафтыд йæ фыд, йе ’фсымæры тыххæй: фæндыди йæ хохмæ, сæхимæ... Стæй кодта уый Печорины кой дæр, хуыд- та йæ алы б’уц нæмттæй, кæнæ йын кодта бустæ, нал мæ уар- зыс, зæгъгæ... Уый дæр æм æнцад хъуыста, йæ сæр йæ къухтыл æруагъта, яфтæмæй; æрмæст ын æгас рæстæджы дæргъы йæ цæстыхаутыл иу цæстысыджы ’ртах абадгæ æз никуы федтон: кæуын æцæг нæ фæрæзта, æви йæхи уромын фæрæзта — нæ зонын; мæхицаай куы зæгъон, уæд уымæй тæригъæддагдæр æз никуыма нпцы федтон. Райсоммæ йæ сæнттæ цæгъдынæй æрæнцадис; иу сахаты бæрц фæлæууыд æнæзмæлгæйæ, фæлурсæй æмæ афтæ лæмæ- гъæй, æмæ зын зæгъæн уыдис, улæфы ма æви нæ, уый; уыйфæс- тæ фенгæсдæр нс æмæ та ныхас кæнын байдыдта, æрмæст куыд -æнхъæл стут, цæй тыххæй ома?.. Ахæм хъуыды кæй сæрмæ ’рцæудзæн, мæлæг адæймаджы йедтæмæ!.. Райдыдта хъыг кæ- нын, тыхсын, чырыстон кæй нæ уыд, уый тыххæй, æмæ уыцы дунейыл, мæрдты бæстæйы йæ уд Григорий Александровичы удимæ кæй нпкуыуал сæмбæлдзæн, æмæ æндæр сылгонмаг кæй уыдзæн дзæнæты йе ’мбал, уый тыххæй. Мæнæн æрбафгыд мæ зæрды, мæлæты размæ йыл донæй саргъауын: æз ын æй загъ- тон; уый мæм куыддæр гуырысхо ’нгæсæй ракастис а^мæ мæм иудзæвгар ныхас скæнын нæ бафæрæзта; фæстагмæ загъта: ыæ, ды дины райгуырдтæн, уыцы дины хъуамæ амæлон, зæгъгæ. Æгас бон афтæмæй аивгъуыдта. Уыцы бон уый куыд æрбапвта! 12 М. Ю. Лермонтов 177
Иæ фæлурс уадултæ бахаудысты, йæ цæстытæ ныддынджыртаё сты,— йæ былтæ сыгъдысты. Æмбæрста, йæ хуылф кæй сыгъ- дис, уый, йæ риуы сырх зынг æфсæйнаг цыма лæууыд, уыйау кæй уыди, уып. Ралæууыд иннæ ’хсæв, нæ цæстытæ не ’рцъынд кодтам, йæ- хуыссæны разæй æддæмæ нæ цыдыстæм. Кодта гынг удхар, хъæрзыднс, æмæ-иу рыст æнцайын куыддæр байдыдта, афтæ-иу райдыдта Григорнй Александровичы æууæндыы кæнын, æнцон- дæр мын у, нал-ну æй уагъта — хуыссæнмæ ацу, зæгъгæ, батæ* йын кодта йæ къухæн, нал ын-иу æй уагъта йæ къухтæй уæгъд.— Райсоммæ ’ввахс ыл йæ адзалы хъыг бафтыднс, рай- дыдта йæхи алырдæм раппар-баппар кæнын, йæ бæттæн рап- пæрста, æмæ та туг ногæй фемæхстис. Р1æ цæф ын куы бабас- там, уæд та минутмæ фенцаддæр ис æмæ райдыдта Печоринæй курын, аба мын кæн, зæгъгæ. Уый сынтæджы раз йæ зонгуытыя æрлæууыд, йæ сæр ын базæй уæлæмæ систа æмæ йæ былтæ нылхъывта, Бэлæйæн уазал кæнын цы былтæ райдыдтой, уы- донмæ; йæ ризгæ цæнгтæй йын уый дæр йæ бæрзæй хъæбæр æрбалвæста йæхимæ, цыма йын уыцы ныббайæ йæ уд раттынмæ хъавыдис, уыйау... Нæ, уый хорз бакодта, кæй амардис, уымæйГ Цæй-ма, цы фæуыдаид, Григорий Александрович æй куы ныу- уагътаид, уæд!? Уый та уæвгæ уыдаид, раджы уыдаид, æрæджы, уæддæр... Уыйфæстæ бонæн йе ’мбисмæ уыдис æнцад, ницы дзырдта^ коммæ касти, кæд æй нæ хосгæнæг цъатайы тæвдтæй æмæ нуаз- гæ хосæй йæ хъуырмæ кодта, уæддæр.— «Дæ хорзæхæй,— дзырдтон ын æз,— ды дæхæдæг куы загътай, æнæмæнг амæл- дзæн, зæгъгæ, уæд ма дын цæмæн сты атæппæт хостæ?»— «Хуыздæр у уæддæр, Максим Максимыч, цæсгом сыгъдæг цæмæй уа, уый тыххæй»,— загъта уый. Хорз цæсгом ма цы уа! Æмбисбоны фæстæ йыл мæрдоны дойны бафтыдис. Мах рудч- гуытæ байгом кодтам, фæлæ æддейы тæвддæр уыдис мидæг уатæй, сынтæджы раз сæвæрдтам их — нæй, ницы æххуыс код- та. Æз зыдтон, уыцы æбыхсгæ дойны кæй у мæлæг адæнмагæн пæ кæроны нысан, æмæ загътон уый Печоринæн. «Дон, дон!..»— дзырдта уый фæсус хъæлæсæй йæ хуыссæны рабадгæйæ. , Печорин ныффæлурс ис кæттаджы хуызæн, фæлæбурдта агуывзæмæ, æркодта дзы дон æмæ йæм æй бадардта. Æз мæ цæстытæ амбæрзтон мæ къухтæй æмæ райдыдтон цавæрдæр куывд кæсын, кæцы уыд, уый нал хъуыды кæнын... О мæ хур, федтон æз бирæ, куыд мæлынц адæм рынчындæтты æмæ хæстьг быдырты, фæлæ уыдон æмæ уый иу не сты, æппындæр нæ!.. Ноджы, раст ма дын зæгъон, мæ хъыджы хай тынгдæр ууыл, у, æмæ йæ мæлыны размæ уый иу хатт дæр мæ кой кæй не 178
скодта; афтæмæй та йæ æз уарзтон фыды хуызæн... Цæй, хуы- цау ын ныххатыр кæнæд!.. Æмæ, уæвгæ, раст зæгъын хъæуы: цы дæн æз, мæлæты размæ мæ цæй тыххæй мысыдæуа?.. Дон куыддæр ахуыпп кодта, афтæ йын фенцондæр ис, пу- зертæ минуты фæстæ та мæлгæ акодта. Æрæвæрдтам ын йæ былтыл айдæн — лæгъз!.. Æз ракодтон Печорины уатæй æддæ- мæ, æмæ ацыдыстæм иумæ фидары æмбонды сæрмæ; бирæ фæ- рацу-бацу кодтам мах фæрсæй-фæрстæм иунæг ныхас не скæн- гæйæ, нæ къухтæ нæ синтыл æвæрдæй, йæ цæсгом уæлдай хъуыддагæй ницы ’вдыста, æмæ мæм æркастис хъыг: уый бы- наты æз мæтæй амардаин. Фæстагмæ æрбадтис зæххы, аууоны, æмæ райдыдта лæдзæгæй цыдæртæ хæххытæ кæнын змисыл. Æз, зоныс, фылдæр æфсæрмæй, райдыдтон уымæн зæрдæтæ æвæрын, ныхас кæнын; уый схæцыд йæ сæрыл æмæ бахудтис... Мæ буар ихæнриз скодта уыцы худтæй... Æз ацыдтæн чырын >аразын кæнынмæ. Раст куы зæгъон, уæд уыцы хъуыддаджы бацыдгæн æз мæ- хи ирхæфсыны тыххæй дæр. Уыди мæм хъулон дари, уымæй скодтон чырынæн цъар æмæ йыл бахуыдтон фидауцы тыххæй, Григорий Александрович Бэлæйæн йæхнцæн кæй фелхæдта, уы- цы черкесаг хæрдгæбыдтæ. Иннæ бон æй райсомæй раджы мах баныгæдгам фидары •æддейы, допы был, фæстаг хатт ма кæм бадтис, уырдæм хæс- тæг; йæ ингæны алфамбылай ныр зайы стыр урс акъаци æмæ фæдæгъды къудзитæ. Æз ын хъавыдтæн чырыстон цырт нысса- дзын, фæлæ кæд, миййаг, не ’мбæлы, зæгъгæ, фæкъуылымпы дæн: цыфæнды у, уæддæр, чырысток нæ уыд... — Уæд Печорин та? — зæгъгæ, йæ бафарстон æз. — Печорин бирæ фæцис нæфæразгæ, сцола ис, мæгуыр; æр- мæст нæм уæдæй фæстæмæ Бэлæйы тыххæй ныхас иикуыуал уыдис; æз уыдтон, уый йын хъыг кæй уыдзæн, уый, æмче уæд йæ кой цæмæн хъæуы? — Иу-æртæ мæйы фæстæ нæ аивтой Е-пы лолкъмæ, æмæ ацыдис Гуырдзыстонмæ. Уæдæй фæсгæмæ кæ- рæдзиуыл нал сæмбæлдыстæм... О, æрхъуыды йæ кодтон, чидæр мын æрæджы дзырдта, фæстæмæ Уæрæсемæ аздæхти, зæгъгæ, фæлæ корпусыл цы приказтæ уыди, уым йæ кой нæ уыди. Уæв- 1æ, махты онг хабæрттæ æрæгмæ хæццæ кæнынц. Уыйфæстæ уый ахæцыд даргъ ныхæстыл, хабæрттæ афæдз фæстæдæр хъусын куыд хъыг вæййы, уый тыххæй,— æвæццæ- гæн, уыцы зæрдæриссæн койтæ фæмынæг кæныны тыххæй. Æз æм дзырдæппарæн нæ кодтон, хъусгæ дæр æм нæ кодтон. Сахаты фæстæ нын цæуыны фадат фæци; тымыгъ фæсабыр, арв асыгъдæг, æмæ рараст стæм. Фæндагыл та æнæбары бай- дыдтон æз Бэлæ æмæ Печорины тыххæй ныхас кæнын. 179
— Уæд Казбич цы фæцис, уый нæ фехъуыстай? — зæгъгæ, йæ бафарстон æз. — Казбич? Раст дыы зæгъон. нæ зонын... фехъуыстоп æз> рахнз фланджы, дам, шапсугтæм ис цавæрдæр Казбпч, хъæба- тыр лæг, уый, дам, сырх куырæты мидæг æнцад къахдзæфтæ- гæнгæ рацу-бацу кæны нæ топпы гæрæхтæм æмæ нæ сæрæйг алырдæм буцгомау кувы, нæмыг æм хæстæг цъуых-цъуыхгæн- 1æ куы атæхы, уæд; фæлæ, æвæццæгæн æмæ, уый уыцы Казбич нæу!.. Къобы мах Максим Максимычимæ кæрæдзийæ фæхицæн стæм, æз рацыдтæн посты бæхтыл, уый та, уæззау ласинаг æм кæй уыд, уый тыххæй нæ фæрæзта мæ фæстæ цæуын. Мах æн- хъæл никуыуал уыдыстæм кæрæдзийыл сæмбæлын, фæлæ уæд- дæр сæмбæлдыстæм, æмæ уæ кæд фæнды, уæд уын æй радзу- рон; уый у æнæхъæн истори... Фæлæ басæттут, Максим Макси- мыч аргъ кæнинаг, нымаинаг кæй у, ууыл?.. Ууыл куы басæт- тат, уæд уый уыдзæн, чи зоны мæ, ме ’гæр даргъ радзырдæн йæ хуыздæр аргъ. II МАКСИМ МАКСИМЫЧ Максим Максимычимæ кæрæдзийæ куы фæхицæн сгæм, уæд æз уайтагъддæр фæдæле дæн Терчы æмæ Дайраны кæмттæй, аходæн скодтон Сæнайы, цай бацымдтон Ларсы, æхсæчæрмæ та Дзæуджыхъæумæ батагъд кодтон. Нæ уæ бафæлмæцын кæн- дзынæн хæхты кой кæнынæй, чи ницы зæгъæг у, ахæм цымыдис хъæртæй, чи ницы ’вдисы, ахæм нывтæй, уæлдайдæр, хæхты чи никуы уыдис, уыдонæн, æмæ статистикон бæрæггæнæнтæй, æп- пындæр кæсгæ кæй ничи кæндзæнис, уыдонæй. Æз ныллæууыдтæн фысымдоны, цæуджытæ се ’ппæт дæр кæм лæууынц, афтæмæй та хъæддаг карк кæмæн сфизонæг кæ- нын чындæуа, кæнæ туаг бас сфыцын, ахæм адæймаг кæм нæй, уым, уый тыххæй æмæ фысымдон кæуыл фæдзæхст у, уыцы æр- тæ сахъатджын лæджы афтæ æдылы сты, афтæ расыг вæпйынц, æмæ дын ныхас адæмы хуызæн нæ бамбарын кæндзысты. Мæнæн фехъусын кодтой, ам ма мæ ноджыдæр æртæ боны цæрын кæй бахъæудзæнис уый, уый тыххæй æмæ Запачъейæ — Екатериноградæй — окази нæма ссыдис, æмæ пын уымæ гæс- гæ фæстæмæ ацæуæн нæ уыдис. Ай дын окази гъе!.. Фæлæ æв- зæр дзырд фæлхатæн хъазт ныфс нæу уырыссаг лæгæн, æмæ æз М’æхи ирхæфсыны тыххæй сфæнд кодтон фыссын Максим Мак- симычы радзырд Бэлæйы тыххæй, мæ радзырдты даргъ рæхы- 180
сæн уый йæ фыццаг цæг кæй уыдзæн, уый мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уæвгæйæ; уынут, хаттæй-хатт чысыл ницæйаг хъуыддаг цы стыр фыдбылызтæ расайы, уый!.. Сымах хъуамæ нæ зонут, окази цы у, уый? Уый у, Кæсæ- джы зæххыл Дзæуджыхъæуæй Екатериноградмæ цы чырæтæ ласынц, уыдонимæ æд сармадзап цы фистæг салдæтгы ирхæф- сæг æмбисротæ фæцæуы, уый. Фыццаг бон æз арвыстон тынг æнкъардæй; дыккзг бон рай- сомæй раджы кæртмæ æрбацыди иу уæрдон... А, Максим Мак- симыч куы дæ!.. Кæрæдзийыл сæмбæлдыстæм рагон хæлæрттау. Æз ын загътон, мæ уатмæ рацу, зæгъгæ. Уый уæлдай ракæ-ба- кæтæ нал фæкодта, ме уæхск дæр ма мын æрхоста æмæ йæ дзых фæзылын кодта, мидбыл худæгау. Ахæм диссаджы лæг кæм уыдис!.. Максим Максимыч тынг дæсны уыдис хæринаг кæыынмæ: уый æмбисонды хорз сфнзонæг кодтæ хъæддаг карк, ауагъта йыл, цас æмбæлд, уыйас джитъриты цæхдон æмæ йыл хъуамæ басæттон, уый куы нæ уыдаид, уæд æз хус хæринаджы ’вджид кæй баззадаин, ууыл. Къахетаг сæны авг нын ферох кæньпг кодта нæ хæринæгты чысыл хыгъд; нæ разы уыдис æрмæст иу- нæг хæринаг, æмæ лулæтæ ссудзгæйæ мах æрбадтыстæм, æз — рудзынджы раз, уый та судзгæ пецы фарсмæ, уый тыххæй æмæ бон уыдис уымæл æмæ уазал. Мах ницы дзырдтам. Æмæ уæвгæ дзургæ дæр цæй тыххæй кодтаиккам?.. Уый мын фæдзырдта, йæхи тыххæп йæм зæрдæдзуагæй цы уыдис, уыдон иууылдæр, мæнмæ та дзуринагæй ницы уыдис. Æз кастæн рудзынгæй æд- дæмæ. Фæйнæрдæм фæтæнæй фæтæндæрæй чи згъоры, уыцы Терчы был бирæ ныллæг хæдзæрттæ хæлиутæй фæзын-фæзын кодтой бæлæсты аууонæй, дарддæр та цъæх дардтой хæхтæ къа- хыртæ сисау, уыдон чъылдымæй та кастис Сæнайы хох йæ урсг кардиналы худы. Æз сын мæхинымæры дзырдтон хæрзбон: æв- гъау мæм фæкастис сæ ныууадзын... Уыцыхуызæнæй мах фæбадтыстæм бирæ. Хур байдыдта йæхи æмбæхсын уазал хæхты цъуппыты фæстæ, æмæ урсбын мигъ райдыдта пырх кæнын астымты фæйнæрдæм, уынджы фæндаггон мыр-мырæджы дзыгъал-мыгъул куы ссыдис, æмæ бæхтæрджыты хъæр куы фехъуыстис, уæд. Цалдæр уæрдоны, сæ мидæг бадти чъизи сомихæгтæ, афтæмæй æрбацыдысты фы- сымдоны кæртмæ, уыдон фæстæ та — афтид фæндаггон цъæт- джын уæрдон; йæ рог цыд, йæ рæвдз арæзт æмæ йæ хъал оз- кастæй уыдис цыдæр фæсарæйнаг æрмдзæфы хуызæм. Иæ фæс- тæ цыди, стыр боцъотæ йын, иу ахæм лæг, венгераг дарæсы, фæсдзæуинæн хуыздæр ма нæ хъæуы; афтæ арæзтæй цы кусæг уыди, уый зын базонæн нæ уыдис, пæ лулæйы фæнык куыд 181
•цагъта æмæ бæхтæрæгыл куыд хъæртæ кодта, уыцы хмнтæад, гæсгæ. Уый комкоммæ уыдис зивæггæнаг хицауы къулæттаг æх- хуырст,— мæнæ уырыссаг Фигаройы хуызæн цыдæр. «Зæгъ-ма, хæлар,— зæгъгæ, йæм ахъæр кодтон æз рудзын- тæй,— уый циу,— окази ссыдис, æви цы?» Уый мæм фæкодта -фаг къæйных каст, адзæбæх кодта йæ хъуырбос æмæ иннæрдæм аздæхтис; йæ фæрсты цы сомихаг æрбацæйцыди, уый мын мид- былты худгæйæ радта уый бæсты дзуапп, окази, дам, æцæг ссы- дис æмæ, дам, райсом раджы фæстæмæ ацæудзæнис. «Хуыца- уæй бузныг!» — загъта Максим Максимыч, уыцы сахат рудзын- .джы цурмæ æрбацæугæйа*.— Ахæм ма рæсугъд уæрдон уыдзæ- нис! — бафтыдта уый йæ ныхæстыл,— сыгъдæгæй дæр дзы ис- ’тыхуызон чиновник цæуы Калакмæ слест кæнынмæ. Æвæццæ- гæн, нæ хæхты ахаст нæ зоиы! Нæ, хъазгæ кæныс, мæ лымæн лæг: уыдонмæ дзæгъæл хатыртæ нæй, англисаг дæр фестæд, сцæгъддзысты йæ! «Æмæ цымæ уæддæр чи уа уый — цом-ма базонæм æп...» Мах рацыдыстæм тыргъмæ. Тыргъæн йæ кæро- ны уыдис дуар гом, йе ’мбуар цы уат уыдис, уырдæм. Фæсдзæ- уин бæхтæрæгимæ хаста уырдæм чумæдантæ. — Æрбайхъус-ма, æфсымæр,— зæгъгæ, йæ бафарста штабс- капитан, ацы диссаджы уæрдон та кæй у?.. и?.. Йттæг рæсугъд уæрдон у!.. Фæсдзæуин æм фæстæмæ дæр нæ ракаст, афтæмæй хъуыр- хъуыр кодта йæхинымæр цыдæртæ чумæдан халгæйæ. Максим Максимыч æм рамæсты ис; уый бавнæлдта æнæуæздан лæгæн йе уæхскмæ æмæ йын загъта: «Æз дæумæ куы дзурын, лымæн...» — Кæй уæрдон у, зæгъыс?.. мæ господнны... — Æмæ дæ господин чи у? — Печорин... — Куыд? куыд? Печорин, зæгъыс?.. Уæуу, мæнæ диссаг!.. æмæ Кавказы нæ куыста цымæ!.. — зæгъгæ, фæхъæр кодга Мак- сим Максимыч, йæхæдæг мын мæ дыс айвæзта. Йæ цæстытæ фырцинæй æрттывтой. — Æнхъæлдæн æмæ куыста,— уæвгæ сæм æз æрæгæй ар- дæм дæн. — А-гъа, афтæ!.. афтæ!.. Григорий Александрович?.. Афтæ йæ хонынц, нæ?.. Дæ господинимæ мах хæлæрттæ уыдысгæм,— загътауый, йæхæдæг буцгомау афтæ æркъуырдта фæсдзæун- -нæн йе уæхск, æмæ уый ныццудыдта... — Стæ-ма, хорз лæг; ма мæ хъыг дар,— зæгъгæ, йæм »сдзырдта уый, йæхи схъуынтъызтæ кæнгæйæ. — Кæс-ма йæм!.. Ды зоныс, дæ господинимæ мах стыр лы- мæптæ кæй уыдыстæм, иумæ" кæй цардыстæм?.. Æмæ уæд нæ- хæдæг та кæм баззадпс?.. 18.2
Фæсдзæуин загъта, Печорин баззадис æхсæвæр хæрынмæ- æмæ фысыммæ булкъон Н-мæ, зæгъгæ... — Æмæ изæры цымæ ардæм не ’рбацæудзæн? — афарста пæ Максим Максимыч,— кæнæ йæм, мæ хæлар, ды ницпемæ цæу- дзынæ?.. Куы йæм ацæуай, миййаг, уæд ын-иу зæгъ, Максим Макснмыч ам ис, зæгъгæ; гъе, афтæ йын-иу зæгъ... уый йæхæ- дæг зоны... Мæнмæ дын цыппар абазийы арахъхъæн... Фæсдзæуин фæкодта пæ цæсгом æнæрвæссон æлхынцъ, æгæр чысыл ын кæй ныббаста, уый тыххæй, фæлæ уæддæр зæр- дæ бавæрдта Максим Максимычæн йæ ныстуан сæххæст кæны- нæй. — Гъе, ныртæккæ æрбатæхдзæн!..— загъта мын цинæй мæл- гæ Максим Максимыч, — цон дæлæ кæрты дуармæ, уым æм банхъæлмæ кæсон... Эх! æвгъуаг, Н-имæ зонгæ кæй нæ дæн... Максим Максимыч æрбадтис кулдуары æдде бандоныл, æз та мæ уатмæ рацыдтæн. Раст дын зæгъон, æз дæр куыддæр æнæхъæцгæйæ æнхъæлмæ кастæн уыцы Печорины æрбацыдмæ; штабс-капитаны ныхæстæм гæсгæ уый кæд мæ цæсты уыйас нал ахадыдта, уæддæр йæ удыхъæды цы миниуджытæ уыдис, уыдо- пæй мæм иуæй-иутæ фæкастысты тынг диссаг. Сахаты фæстæ инвалид æрбахаста фыцгæ самовар æмæ цайдан.— «Максим Максимыч, цай нæ цымыс?» — зæгъгæ, йæм ахъæр кодтон æз рудзынгæй. — Арфæгонд у; ницы бæрæг мæ хъæуы. — Уæ, ма кæн, бацым фæлтау! Акæс-ма, æнафон куы у^ иоджы уазал. — Ницы кæны; арфæгонд у... — Цæй, уæдæ, бар дæу!—Æз байдыдтон цай цымын мæхæ- дæг, пунæгæй; иу-дæс минуты фæстæ æрбалæууыд ма» зæронд дæр æмæ мæм дзуры: «Раст загътай: уаддæр хуыздæр у цан бацымын,— фæлæ, æмæ-гъа, дæлæ æнхъæлмæ кастæн æмæ... Йæ кусæг æм кæд æмæ кæд ацыдис, фæлæ йæ, æвæццæгæн æмæ нсты бакъуылымпы кодта!» Уый тагъд-тагъд иу цай ахуыллыппытæ кодта, дыккаг чал’ бакуымдта, æмæ та кулдуары æддемæ акодта уыцы зæрдæхсай- гæ уад: бæрæг уыдис, Печорин æй кæй ницæмæ дары, уый пын хъыг кæй уыдис, уый, уæлдайдæр та мын æрæджы сæ лымæп- дзинады кой кæй кодта æмæ мын сахат раздæр афтæ кæй загъ- та, /куыддæр мын мæ ном фехъуса, афтæ мæм згъордзæнпс,. зæгъгæ, уый тыххæй. Уыдис æнафон æмæ мæйдар, æз та ногæй рудзынг куы ай- гом кодтон æмæ та Максим Максимычмæ куы дзырдтон, хуыс- сын афон у, уæд: уый цыдæр хъуыр-хъуыр скодта йæ дæндæгты 1&3>
-æхсæнæй; æз та йæм адзырдтон ноджыдæр, фæлæ мын уый фæ- стæмæ дзуапп нал радта. Æз æрхуыссыдтæн диваныл, мæхи цинелы батыхтон, цырагъ ныууагътон пецы сæр æмæ уайтагъд арæдзæ-мæдзæ кодтон æмæ фæхуыссыданн æнцад, Максим Максимыч мæм бынтон æнафо- ны уатмæ куы нæ ’рбацыдаид æмæ мæ куы нæ райхъал кодгаид, уæд. Уый æрбаппæрста йæ лулæ стъолмæ, систа уаты къуымты дыууæрдæм рацу-бацу кæнын, райдыдта пец къахын, фæстагмæ схуыссыдис, фæлæ ма уыйфæстæ дæр бирæ фæхуыфыд, фæтутæ кодта рафæлдæх-бафæлдæхгæнгæйæ... — Хъæды сыстытæ дæ ма хæрæнт, миййаг? — зæгъгæ, йæ бафарстон æз. — О, хъæды сыстытæ...— загъта уый, йæхæдæг уæззау ныу- улæфыдис. Дыккаг бон райсомæй æз райхъал дæн тынг раджы, фæлæ уæддæр Максим Максимыч мæнæй фæраздæр ис. Æз æй ай- йæфтон кулдуары æдде бандоныл бадгæ. «Мæн комендантмæ цæуын хъæуы,— загъта уый,— фæлæ, дæ хорзæхæй, Печэрин куы ’рбацæуа, уæд-иу мæм искæй сæрвит...» Æз ын зæрдæ бавæрдтон. Уый азгъордта, йе уæнгты цыма ногæй лæппуйы хъару æмæ рогдзинад бацыди, уыйау. Райсом уыдис уазал æмæ тынг рæсугъд. Сызгъæринхуыз æврæгътæ цæндтæй лæууыдысты хæхты уæлæ, уæлдæфон хæхты ног рæнхъы хуызæн; кулдуары размæ уыди фæтæн фæз; уый æдде базар кодта адæмæй æмызмæлд, уый тыххæй æмæ уыдис хуыцаубон: ирон лæппутæ бæгъæввадæй, се ’ккæйтты фæзгъæр мыды дзæкъултæ, афтæмæй мæ алыварс цъил фестадысты, æз •сын калдтон алывыд: уыдоныл нæ уыдтæн, уый тыххæй æмæ зæрдæхæлар штабс-капитаны сагъæсæй æз дæр уыдтæн сагъæс- джын. Дæс минуты дæр нæма рацыдаид, афтæ кæсын, æмæ дын уæртæ фæзы кæронæй æрбазыпдис, нæ цæстытæ кæмæ ныуурс сты, уый. Æрбацæйцыдис булкъон Н-имæ... Фысымдоны онг æй куы ’рбахæццæ кодта, уæд кæрæдзийæн загътой хæрзбои, æмæ уып баздæхти фидармæ. Æз уыцы минут арвыстон инвалиды Максим Максимычмæ. Печоринæн йæ размæ раиыд йæ фæсдзæуин æмæ йыц загъта, ныртæккæ ифтындздзысты, зæгъгæ; бадаргъ æм кодта сигарæгы къопп æмæ дзы иукъорд уынаффæны райсгæйæ фездæхт фæстаз- мæ æмæ ацыд йæхи рæвдз кæнынмæ. Йæ хицау ссыгъта спга- рæ, иу-дыууæ хатты ныззæмбыдта æмæ æрбадтис бандоныл кул- дуары иннæ фарс. Ныр уын æз хъуамæ равдисон уымæн пæ су- рæт, йæ хуьтз. Уый асæй уыдис рæстæмбис; йæ хæрзконд нарæг гуыр æмæ 181
йæ фæтæн, базыхъ уæхсчытæй бæрæг уыдис, йæ уæпгты ’ва^рд. фидар кæй уыдис, йæ хæтгæ царды зындзинæдтæн се ’ппæтæн дæр æмæ бæсты хъæдты раив-баивæн дæр уымæ гæсгæ кæп бых- сыд, стыр горæты æнæуаг цард æмæ зæрдæнизы уылæнтæ йæ уымæ гæсгæ кæй нæ бадомдтой, уый; рыгæйдзаг хьæдабæ сюр- тукæн æрмæст йæ бинаг дыууæ цæппæры кæй уыдысты æвæрд, уымæ гæсгæ уынæн уыд, мидæгæй йыл, фырирдæй цæст кæмæ- нæ лæууыд æмæ æгъдауджын лæджы бæрæггæнæн чи у, ахæм сыгъдæг дзауматæ кæй уыдис, уый; йæ чъизи æрмкъухтæ йæ- гыццыл уæздан къухы аккаг цыма барæй карст æмæ хуыд уы- дысты, зындысты уыйау, æмæ уый йæ иу æрмкъух куы рапиæр- ста, уæд æз дисæй амардтæн йæ фæлурс æнгуылдзты цолайыл. Кодта æнæсæрæн, уæзбын цыд, фæлæ йæ æз бафиппайдтон,. цæугæ-цæуын йæ цæнгтæ змæлын кæй нæ кодта — æхгæд-зæрдæ- адæймаджы æргом бæрæггæнæн. Уæвгæ, уый æз мæхп зондæп зæгъын, царды мидæг цы федтон, уыдонмæ гæсгæ, æме уæ куыр- мæджы уырнæнт, зæгъгæ, уæ ууыл домæг æппындæр нæ дæп\ Уый бандоныл йæхи куы ’руагъта, уæд йæ раст гуыр æркъæдз и, йæ астæуы иунæг стæг дæр цыма нæ уыдис, уыйау; не ’гас буары æвæрд дæр æвдыста цыдæр хуызæн нуарон лæмæгъдзи- над; уый бадти, Бальзачы æртыназдзыд кокеткæ фæсхъазт фæл- ладæй йæ бумбули бандоны куыд бада, афтæ. Иæ цæсгомы; фыццаг бакастæй йын нæ загътаин, дыууын æртæ азæй фыл- дæр ыл цæуы, зæгъгæ, кæд мæм уыйфæстæ æртын азы зæгъьпт дæр чысыл нæ фæкастаид, уæддæр. Йæ мидбылхудты уыдпс сы- вæллоны ахастæй цыдæр. Йæ царм уыдис сылгоймаджы цармы хуызæн, куыддæр фæлмæн; йæ фæлурс бур сæрыхъуынтæ, æр- дзæй къæбæлдзыг чи уыдис, уыдоп тынг рæсугъд æрзылдтой уымæн йæ фæлурс уæздан ных, кæцыйыл, бирæ нæм куы фæ- кастаис, æрмæст уæд уыд бафиппайæн, кæрæдзийы сæрты чи хызтис, уыцы æнхъырдты фæд, мæсты кæнæ мæты сахат, æвæц- цæгæн, бирæ æргомдæр чи зындис, уыдон фæд. Йæ сæрыхъуын- тæ ирд кæд уыдысты, уæддæр йæ рихитæ æмæ йе ’рфгуытæ уы- дысты сау — адæймагæн йæ хæрзмыггаг туджы нысан, уый тых- хæй æмæ сау барц æмæ сау дымæг вæййы урс бæхæн. Цæма^й уын йæ сурæт æххæстæй фæуон, уый тыххæй ма уын хъуамæ зæгъон уый, æмæ йæ фындз уыдис иучысыл схъæл, йæ дæндæг- тæ митау сæнтурс, йæ цæстытæ—тарбын; йæ цæстыты тыххæй ма уын æз хъуамæ зæгъон ноджыдæр иукъорд ныхасы. Æппæты фыццаг, уыдон худгæ нæ кодтой, пæхæдæг-иу куы худтис, уæд. Ахæм æнахуыр диссаг никуы бафиппапдтат æппын иуæй-иу адæмтæм?.. Уып у — кæнæ фыд-зæрдæ, кæнæ æдзухон арф æнкъарддзинады нысан. Йе ’рдæгуагъд цæстыхауты аууо- нæй уыдон æрттывтой цавæрдæр фосфорон рухсæп, кæд аф’тæ 185.
-зæгъæн ис, уæд. Уыцы рухс нæ уыдис йæ зæрдæйы цæхæры кæ- нæ йæ хъазгæ зонды фæстæмæ æппæрст рухс: уый уыдис лæгъз æндоны æрттывды хуызæн, цæстытæ кæмæ нæ лæууыдысты, фæ- лæ уазал чи уыд, ахæм тæмæн; йæ цæсты бакаст уыдис цыбыр, фæлæ цыргъ, арф хизгæ æмæ уæззау, уагъта йæ фæстæ, æнæф- сæрм фарстау, æнæаддзинад æмæ адæймагмæ касгаид къæй- ных, афтæ стырзæрдæ ’нцад куы нæ уыдаид, уæд. Ацы фиппа- инæгтæ нууылдæр мæ хъуыдыйы, æвæццæгæн, æрмæст уымæн æрцыдысты, æмæ йын æз зыдтон йæ царды лыстæг хъуыддæг- тæй иуæй-иутæ æмæ, чи зоны, мæ бæсты йæ æндæр адæймаг куы федтаид, уæд æм фæкастаид бынтон æндæрхуызон; фæлæ сымах йæ кой мæнæй фæстæмæ кæй никæмæй фехъусдзыстут, уымæ гæсгæ уæм бар-æнæбары дæр хъуамæ æгъгъæд кæса, æз æй куыд æвдисын, уый. Фæстагмæ ма уын зæгъыч, уый æнæ- уынд лæг кæй нæ уыдис æмæ сылгоймæгты зæрдæмæ уæлдай цыд чи кæны, ахæм хицæн цæсгомы ’вæрд ын кæй уыдис, уый. Бæхтæ лæууыдысты ифтыгъдæй; мыр-мырагæн-пу афонæй афонмæ йæ дзинг-дзинг ссыдис дугайы бынæй, æмæ фæсдзæуин дыууæ хатты бацыдис Печоринмæ, цæуынæввонг стæм, зæгъгæ, фæлæ Максим Максимыч нæма зындис. Хуыцау хорз, æмæ Пе- чорин афардæг хъуыдыты мидæг Кавказы дæндагхуыз цъæх хæхтæм кæсгæйæ, æмæ, æнхъæлдæн, æппындæр нæ тагъд код- та цæуыныл. Æз æм бацыдтæн æмæ йын загътон: «Иучысыл ма дæ лæууын куы бафæнда, уæд фендзынæ æхсызгонæй дæ зæ- ронд лымæны...» — Æцæг куы зæгъыс! — загъта тагъдгомау уый,— знон мын дзырдтой; фæлæ цымæ кæм ис?—Æз фæз^лдтæн фæзырдæм æмæ ауыдтон Максим Максимычы йæ тых-йæ бонæй æрбацæй- згъоргæйæ... Иукъорд минутмæ нæ уæлхъус æрбалæууыдис, тыххæй ма улæфын фæрæзта; йæ хид ихау гæр-гæр кодга цæс- томæй; хидæйдзаг урс сæрыхъуыны бындзгуытæ худы бынæй рахаугæйæ баныхæстысты йæ ныхыл: йæ зæнгты зыр-зыр цы- дис... уый хъавыди Печорины ’фцæджы ныттыхсынмæ, фæлæ йæм уый æнæбары, æцæг худæндзастæй, йæ къух адаргъ кодта. Штабс-капитан иу минут сагъдæй аззадис, фæлæ йын уыйфæстæ фæлæбурдта йæ къухмæ йæ дыууæ къухæй; уый уæддæр азурын нæма фæрæзта. — б, мæнæ мын цы ’хсызгон у, мæ зынаргъ Максим Максн- мыч! Гъы, куыдтæ цæрыс?—загъта Печорин. — Ды... та?.. сымах та?..— бахъуыр-хъуыр кодта зæронд лæг, йæ цæстытæ доны разылдта, афтæмæй... цал азы... цал бо- ны... гъы, кæдæм уæддæр?.. —г Цæуын Персмæ — æмæ дарддæр... — Ау, ныртæккæ?.. Фæлæуу-ма, дæ хорзæхæй!.. Ау, ныртæк- 186
кæ нын æнæ ахицæн хос нæй?.. Кæдæй ардæм нал федтам..... — Мæнæн цæуын афон у, Максим Максимыч,— уыдис нæ« дзуапп. — Оххай, гъе! Омæ уæддæр кæдæм афтæ тагъд кæныс?.. Уыйбæрц дын зæгъынмæ хъавыдтæн... уыйбæрц фæфæрсын... Гъы, цы? Æфсадæй суæгъд дæ, и? Куыд?.. Цы мигæ кодгай? . — Хъыг кодтон! — дзуапп ын радта Печорин йæ мидбылты худгæйæ. — Хъуыды ма кæныс нæ цард, нæ уаг фидары мидæг?.. Зам- манайы бæстæ у цуан кæнынæн!.. Куыд тынг уарзтай æхсын... Æмæ Бэлæ та?.. Печорпн зына-нæзына фæфæлурс ис æмæ иннæрдæм аздæх- тис... — О, хъуыды ма йæ кæнын! — загъта уый æмæ уайтагъд барæй йæхи ныззæмбын кодта... Максим Максимыч ын лæгъстæ кæнын систа, йемæ ма иу- дыууæ сахаты цæмæй баззадаид, уый тыххæй. «Мах иумæ тынг дзæбæх бахæрдзыстæм сихор,— дзырдта уый,— мæнмæ ис дыу- уæ хъæддаг карчы; къахетаг сæи та ам у тынг хорз... Гуырдзыс- тоны хуызæн кæм уыдзæнис, фæлæ уæддæр у сæ хуыздæр мыг- гæгтæй... Иумæ фæныхæстæ кæндзыстæм... Ды мыы радзурдзы- нæ, Бетъырбухы дæ цард куыд уыдис, уыдæттæ-йедтæ... И?..;> — Раст дын зæгъын, ницы дзуринаг мæм ис, мæ зычаргъ. Максим Максимыч... Цæй, хæрзбон у, афон мын у... тагъд кæ- нын... Бузныг, кæй мæ нæ ферох кодтай...— бафтыдга уый, йæ къух ын райста, афтæмæй. Зæронд лæг ныттар кодта йе ’рфгуытæ... Уый уыдис æн- къард æмæ мæсты, кæд йæ басусæг кæныныл архайдта, уæд- дæр. «Ферох кæнын!—бахъуыр-хъуыр кодта уый,—æз бæргæ ницы ферох кодтон...— Цæй, хуыцауы æвджид у... Демæ афтæ сæм- бæлинаг бæргæ нæ уыдтæн...» — Цæй, æгъгъæд, æгъгъæд! — загъта Печорин, йæхæдæг ын хæлары хъæбыс ныккодта,— ау, цы уыдтæн, уып нал дæн?.. Цы гæнæн ис?.. Алкæмæн дæр йæ фæндаг хицæн... Кæрæдзийыл ма сæмбæлдзыстæм æви нæ—хуыцау зоны!—Адон куы дзырдта, уæд уый бадти уæрдоны æмæ бæхтæрæг райдыдга бози æм- бырдтæ кæнын. — Фæлæуу, фæлæуу! — зæгъгæ, фæхъæр кодта æвиппайды Максим Максимыч уæрдоны дуарыл ныффидар уæвгæйæ,— бын- тон мæ фæцæйрох кодта... Мæнмæ баззадысты дæ гæххæттытæ, Григорий Александрович... æз сæ ралас-балас кæнын мема\.. æнхъæл уыдтæн Гуырдзыстоны дæ ссардзынæн, ныр нæ хуыцау мæнæ кæм сæмбæлын кодта... Цы сын бакæнон?.. 187
— Цы дæ фæнды, уый!—дзуапп радта Печорин.— Хæрз- ’бон... — Уæдæ Персмæ цæуыс, нæ?.. æмæ кæд раздæхдзынæ?..— хъæр ма кодта фæстейæ Максим Максимыч... Уæрдон дзæвгар адард ис; фæлæ Печорин акодта йæ къухæй нысан, афтæ бамбарæн кæмæн уыдис: æвæццæгæн, нал; стæй цæмæн!.. Рагæй нал хъуыстис нæ — мыр-мырæджы хъæр, нæ — уæр- доны цæлхыты гыбар-гыбур схондур надыл, фæлæ лта мæгуыр зæронд лæг лæууыдис уæддæр уыцы ран, стыр сагъæс кæнгæйæ. — Уæдæ,— загъта ’фæстагмæ, йæхи стырзæрдæ хуызæй æв- дисыныл архайгæйæ, кæд-иу масты цæстысыг рæстæгæн-рæстæг- мæ йæ цæсты хаутыл ферттывта, уæддæр,— ай-гъай, мах уыдыс- тæм хæлæрпæ, фæлæ цы у хæлар дæр ацы заманы!.. Цы йын ис мæнмæ? Æз бонджын нæ дæн, цин мæм нæй, стæй карæй дæр æппындæр йе ’мдæндаг нæ дæн... Кæсыс, цыхуызæн хъал ссис, Бетъырбухы та куы ацард, уæд... Цы уæрдон ын пс!.. цас дзаума йæм ис!.. йæ фæсдзæуин дæр уыцы фыдхъалæй лæу- уы!—Ацы ныхæстæ загъта æфхæргæ худæнбылæй.—Зæгъ-ма,— ныхас кодта уый дарддæр мæнырдæм раздæхгæйæ,— гъы, уæд- дæр куыд æнхъæл дæ?.. цы хæйрæг æй хæссы ныр Персмæ? Ху- дæг у, хуыцауыстæн, худæг!.. Æз кæддæриддæр зыдтон, рог лæг кæй у, æмæ ныл æууæндæн кæй нæй, уый... Фæлæ йын уæд- дæр тæригъæд кæнын, йæ фæстаг æвзæрмæ кæй цæуы, уый тых- хæй... æмæ йын уæвгæ æнæ афтæ дæр хос нæй!.. Æз кæвдæрид- дæр афтæ дзырдтон: йæ зæронд лымæнты рох чи кæны, уымæ хорздзинадмæ æнхъæлмæ ма кæс, зæгъгæ!..— Ацы ныхæстæ кæнгæйæ уый йе ’ргом иннæрдæм аздæхта йæ зæрдæйы тыхст басусæг кæныны тыххæй æмæ кæрты йæхи рацу-бацугæнæг скодта йæ уæрдоны цур, йæ цæлхытæ йын цыма уыдта, афтæ- мæй та йæ цæстытæ уысмæн айдзаг-айдзаг кодтой цæстысы- гæй. — Максим Максимыч,— загътон æз, бацыдтæн æм, тфгæ- мæй,— уый дæм Печорин цавæр гæххæттытæ ныууагъта? — Æмæ сын чи цы зоньт! Цавæрдæр фыстытæ сты... — Æмæ сæ цы кæнынмæ хъавыс? — Цы? Гилдзытæ сæ фæкæнын кæндзынæн. — Фæлтау сæ мæнæн ратт. Уый мæм æрбакаст дисгæнгæ, йæ дæкдæгты аууонæп цыдæр бахъуыр-хъуыр кодта æмæ райдыдта йæ чумæдан къахын; систа дзы иу тетрад æмæ йæ зæхмæ зынæрвæссон æппæрст æркодта; уыйфæстæ дыккаг, æртыккаг æмæ дæсæм дæр уый фæпдагыл ацы^ысты; йæ масты мидæг уыдис сывæллоны митæй цыдæр; мæнмæ иуæй худæг кастис, иннæмæй — тæригъæд. 138
— Мæнæ гъе, иууылдæр ам сты,— загъта уый,— райгæ у дæ арæггагæй... — Æмæ сыл уæдæ мæ бар дæр цæуы, æмæ мæ цы фæнды, уый кæнын сын мæ бон у? — Фæнды сæ газетты дæр мыхуыр кæн. Мæн цьт хъуыддаг ис?.. Цы, исты йæ хæлар, миййаг дæн, кæнæ йæ хæстæг?.. Æцæг, мах фæцардыстæм бирæ иу цары бын... Æмæ цы, гæзæмæ пс- кæйтимæ куы нæ цардтæн æз?.. Æз фæлæбурдтон гæххæттытæм æмæ сæ тагъдгомау рахас- тон, штабс-капитанмæ фæсмон куы ’рцæуа, уый тæссæп. Уый- фæстæ нæм уайтагъд æрбацыдысты æмæ нын фехъусын кодтой, сахаты фæстæ окази фезмæлдзæнис, зæгъгæ, æз загътон, иф- тындзгæут, зæгъгæ. Штабс-капитан æрбацыдис уатмæ, æз мæ худ мæ уæлæ куыд кодтон, афтæ; уый йæхи цыма цæуынмæ иæ цæттæ кодта, афтæ зындис: уыдис куыддæр æвæндон, уазал хуыз. — Æмæ ды та, Максим Максимыч, нæ цæуыс, цы? — Нæ-æ. — Цæуылнæ, уæд? — Цæмæй зонын, коменданты нæма федтон, афгæмæй мыи лм раттын хъæуы цыдæр къазнайы дзауматæ... — Æмæ йæм куы уыдтæ? — Уыдтæн æм, бæгуы,— загъта уый къуызгæйæ,— фæлæ сæ- лимæ нæ уыдис... æз та йæм лæугæ нал фæкодтон. Æз æй бамбæрстон: мæгуыр зæронд лæг йæ цæрæнбонты, чи зоны ’мæ, фыццаг хатт аппæрста йе службæйы хуыддæгтæ сæрмагонд йæхи хъуыддаг бакæныны тыххæй, гæххæтты æвза- гæй куыд фæзæгъынц,— æмæ уыныс, цас ын фæрæстмæ ис! — Тынг хъыг мын у,— загътон ын æз,— тынг хъыг, Мак- сим Максимыч, æмгъуыдæй раздæр мах кæрæдзийæ хицæн кæ- ыын кæй хъæуы, уый. — Кæм ис махæн, æнахуыргонд зæрæдтæн, сымах фæстæ уайын!.. Сымах стут уæздан, хъал фæсивæд: цалынмæ ма чер- кесаг нæмгуыты бын вæййут, уæдмæ гъа, афтæ уæддæр... фæлæ уыйфæстæ куы сæмбæлут, уæд æфсæрмы фæкæнут уæ къух мах хуызæттæм радаргъ кæнын дæр... — Æз уыцы уайдзæфтæ аккаг нæ дæн, Максим Максимыч. — Æмæ æз афтæ, æрмæст дзырдæн зæгъын; уæвгæ, цæй, амондджын у æмæ хъæлдзæг фæыдæгтыл фæцу. Мах загътам кæрæдзийæн сур хæрзбон. Хæларзæрдæ Мак-г сим Максимыч ссис хивæнд, хылгæнаг штабс-капптан. Цымæ цæмæн? Печорин æм æнæрхъуыдыйæ, кæнæ, чи зоны, цæмæ гæсгæ, йæ къух кæй адаргъ кодта, уый йе ’фцæджы ныттыхсын- мæ куы хъавыд, уæд, уый тыххæй. Зæрдæниз у, лæппуйæи йæ 189
хуыздйёр ныфсытæ æмæ сæнттæ куы фесæфынц, уæд уымæ кæ- сын, адæймаджы хъуыддæгтæм æмæ æмбарæнтæм цы хъæл- дзæг, цы розæхуыз флеры16 аууонæй фæкæсы, уый йæ разы куы ’рхауы, куы байгом вæййы, уæд, кæд ма йæм ныфс вæййы зæ- ронд рæдыдтæ ногтæй, æнæивгъуийгæдæр чи нæ уыдзæнис, фæ- лæ уыйхыгъд сæ ад цауддæр кæмæн нæ уыдзæнис, ахæм ног рæдыддзинæдтæй раивын, уæддæр... Фæлæ ма сæ цæмæй аив,- дзынæ Максим Максимычы карæнæй? Зæрдæ бар-æнæбары ныхъхъæбатыр уыдзæнис, уд бар-æнæбары бахгæндзæнис йæ дуæрттæ... Æз ацыдтæн иунæгæй. ПЕЧОРИНЫ ЖУРНАЛ Раздзырд Æрæджы æз базыдтон, Печорин Персæй æрцæйздæхгæйæ кæй амардис, уый. Уыцы хабарыл æз тынг бацин кодтон: уый* мын лæвæрдта ацы фыстытæ мыхуыр кæныны бар, æмæ æз дæр„ уымæ гæсгæ, кæйдæр уацмысы сæрмæ æввонгæй сæвæрдтон мæ- хи ном. Хуыцауы бафæндæд, æмæ ацы фыстытæ чн кæса, уыдот-г мæ мæ чысыл фæлывд мийы тыххæй куыд нæ бафхæрон! Ныр æз хъуамæ иучысыл бамбарын кæнон, æппындæр кæй никуы зыдтон, уыцы лæджы зæрдæйы сусæгдзинæдтæ адæмæл цæмæ гæсгæ расидтæн, уый. Æмæ ма йын хæлар дæр куы уы- даин, уæддæр ма иу хъуыддаг у: æцæг хæлары гадзрахат ми: цы у, уый алчидæр æмбары; фæлæ йæ æз федтон æрмæст иунæг хатт мæ цæрæнбонты, стыр фæндагыл; уымæ гæсгæ мын нæй" уымæ ахæм æнæрадзургæ хæрам зæрдæ дарын, кæиы, хæлардзи- лады хæрвы æмбæхсгæйæ, æрмæст æнхъæлмæ кæсы, кæй уарзы^ уымæн йæ мæлæтмæ кæнæ йæ фенамондмæ, йæ сæр ын уай- дзæфты, уынаффæты, хынджылæг æмæ хъыгты бын цæмæй фæ- кæна, уый тыххæй. Ацы фыстытæ кæсгæйæ мæн бауырныдта, йæхи лæмæгъдзи- нæдтæ æмæ йæхи аиппытæ йæхæдæг афтæ æнæхатырæй æддæ- мæ чи ’вдыста, уый æргомдзинад. Адæймаджы уды истори,. хæрзницæйаг уд фæуæд, уæддæр æнæцымыдисагдæр æмæ æнæ- пайдадæр нæу æгас адæмы историйæ, уæлдайдæр та уыч, рæ- гъæд, фидарзонд адæймаг, йæхи цардмæ кæсгæйæ цы раиртæс- та, цы рахæсса, уыцы истори куы уа æмæ хиппæлыны тыххæйг кæнæ, адæм ыл сæ цæст цæмæй æрæвæрой,, уый тььчхæй фысг Тæнæг дари хъуымац. 190
куы нæ вæййы, уæд. Руссойы хиуыл расидтмæ ис уыцы аипп, æмæ йæ уый йæ лымæнтæн кæй кастис. Уæдæ афтæ, адæмæн пайда уа, зæгъгæ, мын æрмачгг уыцы иу хъуыддаг ныммыхуыр кæнын кодта, мæ къухы æпæнхъæлгæ цы журнал бафтыд, уый скъуыддзæгтæ. Хи нæмттæй дзы цы уыдис, уыдон се ’ппæт дæр кæд æндæртæй аивтон, уæддæр дзы кæй кой ис, уыдон, æвæццæгæн, сæхи базондзысты æмæ, ныронг зылын цы адæймаджы кодтой, нырæй фæстæмæ та — а дунеимæ иумæйагæй кæмæн ницыуал ис, уый митæн, чи зоны мæ, ссар- дзысты хатырдзинад: мах, зæгъæн ис, кæддæриддæр барæм, цы фембарæм, уый. • Ацы чиныджы æз рауагътон, Печорин Кавказы кæй уыдис, æрмæст уый хабæрттæ. Мæ къухы ма баззадис ноджыдæр, йæ дарды хабæрттæ уый æгасæй дæр кæм фыссы, уыцы иу бæзджын тетрад. Искуыбон уый дæр фæзындзæн, дуне йын тæрхон цæмæй рахæссой, уый тыххæй; фæлæ нырма уыцы хъуыддаджы бæрны дæуын нæ уæндын бирæ ахъаззаг æфсæнттæм гæсгæ. Чи зоны ’мæ чиныгкæсджытæй искæйты бафæнда, Печорнны зæрдæйы ахастмæ æз цы цæстæй кæсын, уый базонын. Мæ дзу- ^пп — ацы чиныгæн йæ сæр. «Хынджылæг скъæрыс!» — зæгъ- дзысты уыдон. — Нæ зонын. I ТАМАНЬ Тамань у Уæрæсейы денджызы был лæууæг горæттæн сæ тæккæ æвзæрдæр горæт. Иухатт дзы æз, чысыл ма бахъæуа, <ггонгæй ма амæлон, ноджы мæ дзы кæд хъавыдысты доны бап- парынмæ. Æз æрцыдтæн посты цæугæ бæхтыл æхсæв æнафоны. Бæхтæрæг баурæдта фæллад тройкæ, горæтæн йæ тæккæ бацæ- уæны цы иунæг дурын хæдзар уыдис, уый дуармæ. Дуаргæс, сауденджызаг хъазахъхъаг, мыр-мырæджы хъæр куы айхъуыс- та, уæд хуыссæнхъæлдзæгæй тызмæг хъæр ныккодтæ: «Чи ’рба- цæуы?» Рацыдысты урядник æмæ десятник. Æз сын бамбарын кодтон, афицер кæй дæн, къазнайы хъуыддæгты тыххæй хæцæг æфсæддон балмæ кæй цæуын, уый, æмæ сæ райдыдтон мæхицæн тсъазнайы фатер курын. Десятник нæ акодта горæты уынгты. Цы хæдзары дуармæ пæ баздæхæм — иууылдæр ахст. Уыдис уазал, æз æртæ ’хсæвы нæ бахуыссыдтæн, хъизæмарæй ным- мардтæн æмæ райдыдтон мæсты кæнын. «Кæнгæ мæ искæдæм, къæрных! фæнды хæйрæгмæ, бынатмæ мæ фæхæццæ кæн уып- йедтæмæ!» — фæхъæр кодтон æз. — Ис ма ноджыдæр» иу фа- Ш
тер,— дзуапп радта дёсятник и& къæёут ныхгæйæ,— æрмæст дæ уæздандзинады зæрдæмæ ияс фæцæудзæнис: сыгъдæг нæу! — Иæ фæстаг ныхас бæлвырд цы нысан кодта, уый нæ бамбаргæйæ та йæ æз мæ фыццаг екодтон æмæ араст стæм. Бирæ фæрацу- бацу кодтам цъыф цæхгæрмæ уынгты. Уынгты фæйнæфарс æз уыдтон æрмæст зæронд бырутæ. Фæстагмæ баздæхтам иу чы- сылгомау хæдзары дуармæ, денджызæн йæ тæккæ былыл. Мæй йæ цалхыдзагæй кастис мæ пог цæрæндоны хьамыл сæрмæ æмæ урс къултæм; уирагдурæй амад быруйы мидæгæй уыдис кæрты, иуырдæм чи ныкъкъул, æндæр ахæм хæдзар, фыц- цагæй къаддæр æмæ зæронддæр. Денджызы был уыцы сæрфт къардиуæй ныххаста бынмæ хæдзары сисы хæд цур, æмæ бы- нæй, сæ хъуыр-хъуырæй не ’нцайгæйæ кæрæдзи цавтой тарбын- цъæх уылæнтæ. Мæй æнцад касти фыдæнцой, фæлæ коммæгæс æрдзы тыхмæ, æмæ уый рухсмæ мæ цæст дзæбæх ачста, доны былæй дæрддзæф, сæ сау бæндæнтæ хæлуарæджы тынау арвы фæлурс дæлбазырæй æнæзмæлгæ кæмæн зындысты, ахæм дыу- уæ науы. «Наулæууæны ис наутæ,— ахъуыды кодтон æз,— рай- сом ацæудзынæн Геленджикмæ». Лæггадгæнæг мын уыдис æфсæддон хаххыл цæрæг хъазахъ- хъаг. Чумæдан ын куы райсын кодтон æмæ йын бæхгæрæджы куы ауадзын кодтон, уæд дзурын байдыдтон хæдзары хицау- мæ — зынæг нæй; хойын дуар — уæддæр нæй... ай цы уа? зæгъ- гæ, дисы бацыдтæн. Æппынæрæджиау мæм тыргъæй ралæст, 14 азы йыл цыдаид, иу ахæм лæппу. «Хицау кæм ис?» — «Нæй». — «Куыд? æппындæр нæй?» «Æппындæр».— «Уæд æфсин та?» — «Слабодкæмæ ацыдис».— «Уæдæ мын дуар чи бакæндзæнис?» — загътон æз, мæ къахæп йæ нытътъæпп ластон, афтæмæй. Дуар йæхæдæг байгом ис; хæ- дзары уымæлы тæф мын мæ фындз ныццавта. Æз асыгътон сон- дон спичкæ æмæ йæ лæппуйæн йæ фындзы бынмæ бахастон: спичкæйы рухсмæ ауыдтон дыууæ урс цæсты. Уый уыдис куырм, бынтон куырм æрдзæй. Уый лæууыдис мæ разы æнæзмæлгæпæ æмæ йын æз райдыдтон йæ цæсгомы арæзтытæм бæстон кæсын. Сæттын ыл, æз тынг гуырысхогæнаг дæн куырмытыл, зылын- дзæстытыл, къуырматыл, гобитыл, æнæкъæхтыл, æнæкъухтыл, къуыпрæгътыл æмæ æнд. ахæмтæн се ’ппæтыл дæр. Æз иртæс- тон кæддæриддæр, адæймагæн йæ фæлгонц æмæ йæ уды ’хсæн цыдæр æнахуыр бастдзинад кæй ис, уый: адæнмагæп истыхуы- зон уæнг куы фæхъæуы, уæд цыма удæй дæр исты æнкьарæн фесæфы, уыйау. Гъемæ райдыдтон æз куырмы цæсгоммæ кæсын; фæлæ цæй, цы мын иртасын кæныс куырм къодахы цæсгомыл?.. Бпрæ йæм фæкастæн, бар-æнæбары пын тæригъæдтæ фæкодтон, уалынм.е 192
æвиппайды йæ тæнæг былтыл рахъазыдис зына-нæзына мид- Оылхудт, æмæ, нæ зонын, цæмæн, фæлæ мын уый уыди тынг хъыг. Мæ сæры фегуырдис гуырысходзинад — а куырм, куыд зыны, æвæццæгæн, афтæ куырм нæу. зæгъгæ; мæхи дзæгъæлы æууæндын кодтон, цæсты урсытæн скæнæн нæй, стæй сæ кæнгæ дæр цæмæн счындæуа? Фæлæ цы чындæуа? Ахæм гуырысходзи- нæдтæ мæм арæх вæййы... «Ды хæдзары хицауы фырт дæ?»—зæгъгæ, йæ бафарстон æз фæстагмæ. «Нæ». — «Уæдæ чи дæ?»—«Сидзæр, гæвзыкк». «Æф- синæн га сывæллæттæ ис?» — «Нæй, чызг ын уыдис æмæ тæ- тæйрагимæ фæсденджызмæ афардæг ис». «Цавæр тæтæйрагн- мæ?»—«Хæйрæг йæ зонæг у! хъыримаг тæтæйраг, бæлæгътæ- рæг, Керчæй». Æз бацыдтæн хæдзармæ; дыууæ даргъ бандоны æмæ стъол, стæй дынджыр. чырын пецы фарсмæ уыдысты æгасæй дæр хæ- дзарæн йæ дзаума. Къулыл иу дзуары ныв дæр нæ — хорз нысан нæ уыдис! Саст авгæй бырста мидæмæ денджызы дымгæ. Æз сластон мæ чумæданæй мыдадзын цырагъы сыгъдон, ссыгътон æй æмæ райдыдтон мæ дзауматæ сæ бынæтты æвæрын, къуымы сæвæрдтон мæ кард æмæ мæ топп, дамбацатæ æрæвæрдтон стъолыл, æрытыдтон мæ нымæт бандоныл; хъазахьхъаг та йæ нымæт æрытыдта иннæ бандоныл; дæс минуты фæстæ уымæн пæ хуыр-хуыр ссыдис, фæлæ æз бафынæйæн мицы фæрæзтон: мæ разы талынджы уыцы зилдух кодта урсцæст лæппу. Афтæмæй мыл ацыдис иу сахаты бæрц. Мæй касти рудзын- тæй мидæмæ, æмæ йæ тын хъазыдис хæдзары сыджытбыныл. Сыджытбыныл цæхгæрмæ цы рухсы уадздзаг уыдис, ууыл æвип- пайды аууои фæсенк ласта. Æз рабадтæн æмæ ракасгæы ру- дзынгæй: чидæр та дыккаг хатт йæ фæрсты ауадис æмæ цы ’рбацис, хуыцау зоны. Мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыдис, уы- цы удгоймаг æмуырдыг къардиуыл дæлæмæ ныууайа, уый; фæ- лæ йын æндæр та фæуæн ничердæм уыдис. Æз фесгадтæн, акод- тон мæ куырæт, æрбабастон мæ хъама æмæ æнцад-æнцад ра- цыдтæн хæдзарæй; кæсын æмæ дын мæнæ мæ размæ уыцы куырм лæппу. Æз æрныгъуылдтæн бырурæбын, æмæ уый ныфс- джын, фæлæ хъавгæ къахдзæфтæгæнгæ раивгъуыдта мæ рæзты. Иæ дæларм хаста цавæрдæр баст, æмæ наулæууæнырдæм фæ- зилгæйæ байдыдта нарæг æмæ уырдыг къахвæндагыл дæлæмæ цæуын. «Уыцы бон æгомыгтæ сдзурдзысгы æмæ куырмытæ ра- кæсдзысты»;— ахъуыды кодтон æз мæхинымæр йæ фæстæ гурæй- 1урмæ цæугæйæ, куыд ничердæм мын фæуыдаид, афтæ. Уалынмæ мæй райдыдта йæхи саувадыгтæй æмбæрзын, æмæ денджызы сæрмæ сбадтнс мигъ; хæстæгдæр науы бырынкъæй мигъы мидæг цъус зынди фанары рухс; денджызы былгæрон 13 М. Ю Лермонтов 193
æрттывдтытæ калдта чысыл фынк æмæ алы минут дæр тас уы- дис, йæ быны куы фæуа, уымæй. Зынтæй мæхи дæлæмæ уадз- гæйæ æз цыдтæн уыцы уырдыджы æмæ кæсын: куырм фæлæу- уыдис, стæй фæзылдис дæлæты рахизырдæм; донмæ уый афтæ хæстæг цыдис, æмæ загътон, уылæн æй ныртæккæ дæр йæхимæ баскъæфдзæнис æмæ йæ аласдзæнкс, зæгъгæ; фæлæ, æвæццæ- гæн æмæ фыццаг хатт нæ тезгъо кодта уый уыцы ран, дурæй дурмæ куыд ныфсджын хызт кодта æмæ дзыхъхъытæй йæхи куыд хызта, уымæ гæсгæ. Фæстагмæ уый ныллæууыдис, цыма истæмæ хъуыста, уыйау, æрбадтис зæххыл æмæ баст йæ фарсмæ æрæвæрдта. Æз кастæн йе змæлдтытæм, доны былæй æддæмæ цы къæдзæх рацыдис, уый аууон æрæмбæхсгæйæ. Рацыдаид цалдæр минуты, афтæ иннæ фарсæй æрбазындис урс æн- дæрг; уый бацыдис куырммæ æмæ æрбадтис йæ цуры. Дымгæ мæм-иу хатгай æрхаста сæ ныхас. — Гъы, цы зæгъыс, куырм?—загъта сылгоймаджы хъæлæс,— уад тыхджын у; Янко нæ уыдзæн. Янко уадæй нæ тæрсы, — дзуапп радта уый. Мигъ бæзджынæй бæзджындæр кæны, — загъта та йын фæстæмæ сылгоймаджы хъæлæс æнкъардæй. — Мигъы æнцондæр у хъахъхъæнæг науты фæрсты ацæ- уын, — уыди куырмы дзуапп. Æмæ доны бын куы фæуа, уæд та? — Уæд цы? хуыцаубоны аргъуанмæ æнæ ног лент ацæудзынæ! Сæ ныхасæй фенцад сты; æз иу хъуыддагыл стыр дис фæ- кодтон: куырм мемæ дзырдта малороссаг здæхтæй, ныр та ны- хас кодта сыгъдæг уырыссагау. — Уыныс, æз раст загътои,— загъта та куыр^м йæ къухтæ кæрæдзиуыл ныццæгъдгæйæ.— Янко нæ тæрсы — нæ денджызæй, нæ дымгæйæ, нæ мигъæй, нæ былгæстæй; дзæбæх-ма хъус; уый доны пæллахъ нæу, нæ мæ афæливдзынæ — уыдон сты уый даргъ фиййæгтæ. Сылгоимаг зæххæй фæгæпп ласта æмæ стыхсгæйæ райдыдта дардмæ кæсын. — Куырм, ды сыгъдæгæй дæр сæнттæ цæгъдыс! — загъта уый,— уæдæ æз æппын куы ницы уынын. Сæттын ыл, цасдæриддæр нæ фæцархайдтон дардмæ бæлæ- гъы хуызæнæй исты раиртасыныл, ницы бафæрæзтон. Афтæмæй ацыдаид иу-дæс минуты; уалынмæ кæсын æмæ уæртæ уылæнты хæхты астæуæй æрбазынд пу сау æндæрг: уый-иу куы стырдæр фæцис, куы та къаддæр. Æнцадган, уылæнты хизгæйæ, стæй уайтагъд йæхи фæстæмæ уадзгæйæ, æрбацæйхæстæг кодта был- мæ бæлæгъ. Хъазуат гуырд уыдис, уыйхуызæн æхсæв донкъуба- лæгыл ахизьтн æмæ дыууьш версты ацæуын йæ ныфс чн бахаста, 194
уыцы бæлæгътæрæг, стæй йæ афтæ цы бакæнын кодта, уый дæр, æвæццæгæн, стыр хъуыддаг уыдис! Афтæтæ хъуыды кæнгæйæ æз мæ зæрдæйы æнæбары цавдимæ кастæн мæгуыр бæлæгъмæ; фæлæ-иу уый бабызы хуызæн аныгъуылди, стæй та-иу фиййæг- тæ хæрдмæ базыртау æваст фехсгæйæ рагæпп ласта дæлджинæ- гæй фынк-пырхæндæджы астæуæй, æмæ æз æнхъæлдтон, уæдæ гъеныр, уыцы иу рауадæй ныццæвдзæн йæхи былыл æмæ фæй- нæрдæм лыстæг фæрчытæ фæхаудзæн, зæгъгæ, фæлæ уый рæвдз зылд фæкодта фæрсхмæ æмæ сгæпп кодта чысыл бухтæмæ æнæ- хъæнæй. Уырдыгæй рацыдис рæст.æмбис даргъ лæг, уæлдзарм тæтæйраг худ йæ уæлæ; уый фæтылдта йæ къух, æмæ се ’ртæ дæр февнæлдтой бæлæгъæй æддæм^æ цыдæр ласынмæ; чырæ аф- тæ стыр уæззау уыди, æмæ æз абоны онг дæр не’мбарын, бæ- лæгъ доны бын куыд нæ фæцис, уый. Алчидæр дзы йæ уæхскыл авæрдта фæйнæ басты, афтæмæй фæраст сты доны былты дæ- лæмæ, æмæ сæ уаитагъд мæ .цæст дæр мал ауыдта. Хъуыди мæ фæстæмæ нæхимæ здæхын; ф*æлæ, сæттын ыл, уыцы æнахуыр æмбиоæндтæ мæн æнцад нæ уагътой , æмæ ма мыл тыххæй- фыдæй сбон ис. Мæ хъазахъхъаг тынг дис фæкодта, куы райхъал ис æмæ дшн мæ дзауматæ æгасæй дæр мæ уæлæ кондæй куы федта, уæд; фæлæ йын æз нæ загътон, мæ уæлæ цæмæн уыдысты, уый. Рудзынгæй иудзæвгар мæ зæрдæйы дзæбæхæн куы фæкастæн бырæгътæ æврагъы цъуппытæй дзаг арвмæ, Хъырымы дард был- мæ, цъæх тагау чи ныддаргъ ис, йæ кæрон та айнæг кæмæн у æмæ маячы мæсыг йæ цъуппыл урс кæмæн дары, уымæ, уæд æз араст дæн Фанагорийы фидармæ, Геленджикмæ цы сахатыл ацæудзынæн, уый бæрæг комендантæй базонынмæ. Фæлæ ницы! комендантæн йæ бон нæ уыдис мæнæн цæхгæр ныхас зæгъын. Наулæууæны цы наутæ лæууыдис, уыдон уыды- сты иууылдæр кæнæ гæс наутæ, кæнæ сæудæджергæнæг наутæ, æвæрын дæр кæм ницы ма райдыдтой, ахæмтæ. «Чи зоны’мæ æртæ-цыппар боны фæстæ æрбацæудзæн постласæг нау,— загъта комендант,— æмæ уæд мах фендзыстæм». Æз раздæхтæн нæ хæ- дзармæ æнкъард æмæ мæстджынæй. Дуарыл мæ хъазахъхъаг мæ размæ фæци удаистæй. — Æвзæр у хъуыддаг, дæ уæздандзинад! — загъта мын уый. — Ай-гъай, æфсымæр, хуыцау зоны, ардыгæй кæд ацæудзы- стæм! — Аиы ныхæсты фæстæ уый ноджыдæр тынгдæр скатай нс æмæ мæм йæхи æркъулгæнгæпæ сындæггай сдзырдта: «Ам сыгъдæг нæу! Æз сæмбæлдтæн абон сауденджызаг урядникыл; мемæ зонгæ у,— уыди фарон балы; куыддæр ын загътон, кæм ныллæууыдыстæм, уый, афтæ дын мын уый: «А<м, æфсымæр, сыгъдæг нæу, хорз адæм дзы нæй!..» Æмæ куыд нæ, цавæр куырм 1Р5
у уый! цæуы алыранмæ дæр иунæгæй,— дзулмæ, базармæ дæр æмæ донмæ дæр... бæрæг у, ам ууыл кæй сахуыр сты». — Гъемæ уæддæр куыд? йæхи æвдисгæ уæддæр нæ ракодта æфсин? — Абон æнæ дæу æрбацыдис зæронд ус æмæ йæ чызг дæр йемæ. — Цæй чызг? Уымæн чызг нæй. — Æмæ хуыцау зоны, уæдæ чи у, кæд йæ чызг нæу, уæд; æмæ зæронд ус ныр дæр уæртæ йæ хæдзары куы бады. Æз бацыдтæн кæркдоны хуызæн æвзæр, чысыл къуыммæ. Пе- цы арт гуыпп-гуыппæй сыгъдис, æмæ дзы фыхтис, мæгуыртæн æгæр хорз дæр ма чи уыдис, ахæм сихор. Зæронд ус мын мæ фæрстытæн се ’ппæтæн дæр дзуапп лæвæрдта — къуырма дæн, нæ хъусын, зæгъгæ. Цы йын акодтаин? Æз аздæхтæн куыр- мырдæм; ’уый бадтис пецы раз æмæ дзы пыхсытæ æндзæрста. «Цæй-ма, куырм хæйрæг,— загътон æз, йæ хъусыл ын ныххæцыд- тæн, афтæмæй,— дзур, æхсæвыгоц уыцы бастимæ кæдæм лекка кодтай, и?» Мæ куырм æвиппайды скуыдта, схъæр кодта, йæхи хъæрзæг скодта: «Кæдæм цыдтæн?.. никæдæм ацыдтæн... бас- тимæ?.. цæй бастимæ?» — Зæронд ус ацы хатт фехъуыста æмæ райдыдта хъуыр-хъуыр кæнын: «Куыд мысынц, ноджы кæуыл,— гæвзыккыл! Ды йæ цæй тыххæй... Цы дын ракодта?» Æз сфæл- мæцыдтæн уыцы ныхæстæм хъусынæй æмæ рацыдтæн, уыцы кæлæны дæгъæл ссарын зæрдиагæй сфæнд кæнгæйæ. Æз нымæты мæхи æрбатыхтон æмæ æрбадтæн бырурæбын дурыл, дардмæ кæсгæйæ; мæ размæ адаргъ ис, æхсæвы уад кæй сфæйлыдта, уыцы денджыз, æмæ мын йæ уыцы иухуызон хъæр, фынæйгæнæг горæты хъуыр-хъуырау чи уыдис, уый æрæф- тын кодта мæ зæрдыл зæронд, ивгъуыд азтæ, фæхаста мын мæ хъуыдытæ цæгатмæ, нæ уазал столицæмæ. Мысинæгтæй тыхс- гæйæ æз мæхицæй айрох дæн... Афтæмæй мыл аивгъуыдта саха- ты бæрц, чи зоны ’мæ фылдæр дæр... Æвиппайды зарыны хуы- зæн цыдæр æрцыдис мæ хъустыл. Æнæмæнг, уый уыдис зарын æмæ сылгоймаджы лæппын хъæлæс,— фæлæ кæцæй?.. Хъусын — зард лæгъз, æнгом, куы дæргъæлвæс æмæ æнкъард, куы та — рог æмæ хъæлдзæг. Ракæс-бакæс кæнын — мæ алыварс ничи ис; хъусын та ногæй — хъæр цыма уæларвæй цыдис, уыйау. Æз мæ цæстытæ уæлæмæ систон: мæ хæдзары сæр лæууыдис чызг дæргъытæ къабайы, йæ дзыккутæ хæлд, раст сыгъдæгæй дæр донычызг. Иæ цæстытæ хуры тынтæй йæ къухы аууон бакæн- гæйæ уый æдзынæг кастис дардмæ æмæ куы худгæйæ йæхæдæг йæхиимæ ныхас кодта, куы та-иу ногæн зарын райдыдта. ^Ез мæ зæрдыл бадардтон уыцы зарæг йæ сæрæй йæ кæ- ронмæ: 196
Уæгъд, сæрибарæй — Цъæх денджызыл Наутæ ’дзух цæуынц — Урс кæттагджынтæ. Уыцы науты, ’хсæн Мæ чысыл бæлæгъ, Бæлæгъ æнæнывæст, Дыууæ фиййагон. Уад куы рахъаза — Зæронд наутæ уæд Сисдзысты сæ базыртæ, Денджызыл фæлидздзысты. Денджызæн кувдзынæн Æз ныллæггомау: «Уæ мæсты денджыз, Хъыг-иу ма бадар Ды мæ бæлæгъы: Ласы мæ чысыл бæлæгъ Бирæ зынаргъ , дзаума, Тæры мæйдар æхсæв Уый хъазуат сау лæппу». Æз æнæбары фæхъуыды кодтон, æхсæвы дæр гъеуыцы хъæлæс кæй фехъуыстон, уый; иу минуты бæрц асагъæс кодтон земæ та ногæй уæлхæдзармæ куы скастæн, уæд чызг уым нал уыдис. Æвиппайды уый мæ фæрсты æрбазгъордта æндæр цыдæр заргæ æмæ йе ’нгуылдзтæй къæрццытæнгæнгæ смидæг ис зæронд усмæ, æмæ райдыдтой уым <быцæу кæнын. Зæронд ус мæсты кодта, уый та кæл-кæл кодта хъæрæй. Уалынмæ кæсын, æмæ та уæртæ гæппытæгæнгæ æрбазгъоры мæ донычызг; мæ комком- мæ куьГрбахæццæ, уæд ныллæууыдис æмæ мын æдзынæг æрба- кастис мæ цæстытæм, æз уым кæй уыдтæн, ууыл цыма дис кодта, уыйау; стæй æнæрвæссон здæхт фæкодта æмæ æнцадгай ацыдис наулæууæнмæ. Хъуыддаг ууыл нæ ахицæн ис: бон-изæрмæ уый разил-базил кодта мæ фатеры алыварс: йæ зарын, йæ гæппытæй иу минут дæр нæ банцадис. Æнахуыр адæймаг! Йæ цæсгомыл .æнæзонды нысæнттæй æппын ницы уыдис; уый нæ, фæлæ ма йæ цæстытæ уæлдай цырд æмбаргæ каст дæр кодтой мæнмæ, æмæ уыцы цæстытæм цыма цавæрдæр магниты тых хæццæ кодта æмæ алыхатт дæр бафæрсын æнхъæлмæ цыма кастысты, уыйау уыдысты. Фæлæ-иу куыддæр æз дзурын райдыдтон, афтæ-иу уый алыгъдис йæ мидбылты хин худт кæнгæйæ. Æппындæр уыйхуызæн сылгоймаг æз нпкуы федтон. Уый рæ- •сугъд нæ уыдис, фæлæ мæнмæ рæсугъддзннадмæ дæр ис хицæн .цæстæнгас. Уымæ бирæ цы уыдис, уый — мыггаджы хъæд... бæ- 197
хæн куыд у, сылгоймагæн дæр афтæ, стыр хъуыддаг у йæ мыг- гаг; уый сбæлвырд кодта æвзонг Франци. Уый, ома мыггаг, æв- зонг Франци нæ, фæлæ, бæрæг у адæймагæн йæ цыдæй, йæ къух- тæй æмæ йæ къæхтæй; уæлдайдæр, тынг бирæ зоны фындз. Раст фындз Уæрæсейы стæмдæр у чысыл къахæй. Мæ зарагыл, мæн- мæ гæсгæ, 18 азæй фылдæр нæ цыдис. Иæ гуыры диссаг таст,. йæ сæры æнахуыр фæкъул, даргъ бур сæрыхъуынтæ, йæ бæрзæй æмæ уæхсчыты рог хурсыгъд цармы цавæрдæр сызгъæринхуыз- æрттывд æмæ уæлдайдæр йæ раст фьшдз — уыдон æппæт мын: ластой мæ зæрдæйы уидæгтæ. Кæд йæ æхст фæкастыты æз уыд- тон цавæрдæр хъæддагдзинад æмæ æнæууæнкдзинад, кæд йæ мидбылхудты уыдис æнæбæрæг цыдæр, фæлæ рагæй хæст цы уырнындзинæдтыл стæм, уыдон тых афтæ у: йæ раст фындз мын мæ зонд фæлидзын кодта,— афтæ мæм фæкастис, цыма æз Гё- тейы Миньонæйыл, йæ раст немыцаг зонды уыцы диссаг сфæл- дисоныл фæхæст дæн, уыйау, æмæ æцæг бирæ цæмæйдæрты уы- дысты уыдон кæрæдзи хуызæн: нæртон фыдæнцойæ æваст бын- тон æнæзмæлгæ абадынæй зæгъай, сæрæмбæрст ныхæстæй, гæп- пытæй, æнахуыр зарджытæй зæгъай... Дыууæизæраетæу æй æз фæурæдтон къæсæрыл, æ,мæ не’хсæн æрцыдис ахæм ныхас: — Зæгъ-ма мын, рæсугъд,— бафарстон æй æз,— абон та уæл- хæдзары цы ми кодтай? — Кастæн, дымгæ чердыгæй кæны, уымæ. — Æмæ дæ уый цæмæн хъæуы? — Дымгæ чердыгæй кæны, амонд дæр уырдыгæй цæуы. — Æмæ уæдæ зарынæй амонд дæхимæ хуыдтай? — О, зард >кæм вæййы, амонддæр уым вæййы. — Æмæ, куыд вæййы, цы вæййы, дæхицæн мает куы раза- рай, уæд та? — Уæд цы? хуыздæр кæм нæ уа, уым уыдзæнис фыддæр,, фыдæй хорзы ’хсæн дæр бирæ зæхх нæй. — Æмæ дын уæддæруыцы зарæг чи бацамыдта?' — Ничи мын æй бацамьщта; куы мæ бафæнды, уæд нызза- рын; хъусгæ кæмæн уа, уый йæ фехъусдзæн; хъусгæ кæмæн нæ уа, уый та йæ нæ бам’бардзæн.— Уæд дæ ном та цы хуины, мæ- булæмæргъ? — Донæй мыл чи саргъуыдта, уый йæ зоны. — Æмæ дыл чи саргъуыдта? — Цæмæй зонын. — Гъеуый дын æхгæд-зæрдæ; æмæ уæдæ æз дæу тыххæй цы- дæртæ куы базыдтон (уый цæсгом æндæрхуызон нæ фæкодта,. былтæ нæ фезмæлын кодта, цыма уымæп иæ загътон, уыйау). Æз базыдтон, дысон æхсæвыгон ды денджызы былмæ кæп ацыд- тæ, уый.— Æмæ йын ацы ран æз тынг хъуыддагхуызæй фæ- 198
дзырдтон, цы федтон, уыдон иууылдæр, фæкъæмдзæстыг æй кæн- дзынæн, зæгъгæ; фæлæ бæгуы! Уьгй йæ хъæлæсы дзаг ныккæл- кæл кодта. — Бирæ федтай, фæлæ зонгæ чысыл кæныс; цы зоныс, уый та гуыдырæвæрдæй дар. — Æмæ, дзырдæн зæгъæм, æз комендантæн фехъусын кæ- нынвæнд куы скæнин, уæд та?—,æмæ ацы ран æз мæ цæегом тынг фецæгхуыз, суанг тызмæгхуыз дæр ма фæкодтон. Уый зевиппайды уыциу гæпп аласта, ныззарыдис æмæ, тарст цъиу къудзийæ куы атæха, уыйау фæтар ис. Мæ фæстаг ныхæстæ æп- пындæр сæ бынаты нæ уыдысты; æз еын уæд афтæ ахадын æн- хъæл нæ уыдтæн, фæлæ мæ уыйфæстæ бахъуыдис уыдоныл фæ- фæсмон кæнын. Куыддæр фæталынггæрæттæ ис, афтæ мæ хъазахъхъагæь атæвд кæнын кодтон цайдан хæстмæ цæуæгау, ссыгътон цырагъ æмæ æрбадтæн стъолы раз, фæндаггон лулæйæ тамако дымгæ. Дыккаг цайы агуывзæ фæуыямæ куыд хъавыдтæн, афтæ æвип- пайды дуар фæхъинц кодта, æмæ мæ чъылдыммæ айхъуыстон къабайы æмæ къæхты рог сыр-сыр,— æз фестъæлфыдтæн æмæ фæстæрдæм фæзылдтæн,— уый уыдис мæ донычызг! Уый æрбад- тис мæ комкоммæ æнцад, æнæдзургæйæ, æмæ йæ цæстытæ ныц- цавта мæнмæ, æм<æ, нæ зонын, цæмæн, фæлæ мæм уыцы цæстæн- гас ацы хатт фæкастис диссаджы фæлмæн; уый мын мæ зæрдыл «æрлæууын кодта, зæронд азты мын мæ цардæй афтæ хивæнд хъазт чи кодта, уыцы цæстæнгастæй иу. Уый мæм цыма æнхъæл- мæ кастис бафæрсынм,æ, фæлæ æз, зæгъæн куыд нæй, афтæ хъæмдзæстыг уæвгæйæ мæхи ныхъхъус кодтон. Йæ цæсгом -афæлдæхт тарфæлурс, бæрæг уыдис, йæ туг змæнтæгау кæй код- та, уый; йæ къухæй æнæсæрбæрæг асæрф-асæрф кодта стъол, <æмæ æз бафиппайдтон, чызг йæхимидæг рог кæй рызтис, уый; йæ риу-иу куы бæрзонд систа йæхи, куы та-иу, цыма йæ улæфт урæдта, уыйау фæцис. Уыцы комедийæ райдыдтон фæлмæцын, æмæ æз цæттæ уыдтæн мæ гоби бадтæн кæрон скæнын хуымæтæ- джы ныхасæй, ома, мæ зæрды уыдис зæгъын: иу цайы агуывзæ бацым, зæгъгæ, фæлæ уый æвиппайды фæгæпн ласта, йæ цæнгтæ ме’фцæджы æртыгъта æмæ йæ уымæл, судзгæ пъайы хъæр мæ былтыл фæцыдис. Мæ цæстытæ атартæ сты, мæ сæр разылднс, æз æй мæ хъæбысы нылхъывтон, лæппуйы мондагдзннады тых цасдæриддæр у, уымæй, фæлæ уый калмау уыциу цъыввытт фæкодта мæ къухты æхсæнæй, мæ хъусы мын сабыр афтæ æр- ’бадзургæйæ: «Ахса^в иууылдæр куы бафынæй уой, уæд-иу ра- цу доны былмæ»,— йæхæдæг фатау уатæп ратахтис. Тыргъы уый афæлдæхта цайдан æмæ, зæххы чи лæууыдис, уыцы цы- рагъ.— «Гъеуый дын хæйрæг-чызг!» — зæгъгæ, фæхъæр кодта 199
•хъазахъхъаг, хъæмпы уæлæ чи хуыссыдис æмæ маг цайæ чи баз- зайа, уымæй йæхи схъарм кæнынмæ æнхъæлмæ чи кастис, уый. Æрмæст гъеуæд æрæмбæрстон æз мæхи. Иу-дыууæ сахаты фæстæ, наулæууæны хъæр-цъистæй куы ницыуал хъуыстис ,уæд æз мæ хъазахъхъаджы райхъал кодтон. «Дамбацайæ куы фехсон,— загътон ын æз,— уæд-иу згъоргæ денджызы (былмæ». Уый йæ цæстытæ ныдздзагъыр кодта æмæ уыцы æнæр*хъуыдыйæ сдзырдта: «Хъусын, дæ уæздандзинад».— Æз ныссагътон мæ дамбаца мæ фæсрон æмæ рацыдтæн. Чызг мæм æнхъæлмæ кастис уырдыджы -былыл; йæ уæлæдарæс уыдис рогæй дæр рогдæр, чысыл кæлмæрзæн уыдис ронбаст йæ тасаг гуырыл. «Мæ фæстæ цу! — загъта уый, мæ къухыл мын фæхæцыд, аф- тæмæй, æм’æ райдыдтам уырдыджы дæлæмæ цæуын. Не’мбарын, мæ бæрзæй куыд нæ асастис, уый; бынæй мах базылдыстæм рахизырдæм æмæ байдыдтам цæуын, уыпразмæ æхсæв æз куыр- мы фæстæ цы фæндагыл фæцæйцыдтæн, уыцы фæндагыл. Мæй нæма скастис, æмæ æрмæст дыууæ гыццыл стъалыйы ирвæзын- гæнæг дыууæ маячы хуызæн æрттывтой тарбынцъæх арвы къуырфыл. Уæззау уылæнтæ æмхуызон æмæ раст тылдысты иу иннæйы фæстæ, былгæрон цы иунæг бæлæгъ банцадпс, уый сæ сæрыл гæзæмæ исгæйæ. «Бæлæгъмæ бахизæм»,— загъта ме ’м.бæлццон. Æз сдызæрдыг дæн — æз разæнгард нæ дæн денджы- зы ахæм уарзондзинады фæдыл тезгъо кæнынмæ, фæлæ фæстæ- мæ здæхын афон нал уыдис. Уый багæпп кодта бæлæгъмæ, æз. йæ фæстæ æмæ ме’муд дæр æххæст нæма’рцыдтæн, афтæ бафип- пайдтон, ленк кæй кæнæм, уый. — Ай цы хабар у? — загътон æз мæстыйæ. «Уыцы хабар,— дузапп радта чызпмæн бандоныл- бадын кæнгæйæ æмæ мæ гуы- рыл йæ къухтæ æрбатухгæйæ,— уыцы хабар, æмæ æз дæу кæй уарзын...»—Æмæ йæ рус æрбанцад мæ русыл, æмæ æз бан- къардтон мæ цæсгомыл йæ судзаг улæфт. Æвиппайды доны цы- дæр нытътъыллупп кодта: æз фæлæбурдтон мæ ронмæ — дамба- ца нал ис. О, гъеуæд стыр æнæууæнкдзннад бацыдис мæ зæр- дæйы, мæ туг мæ сæры абадтис!" Фæкастæн — былæй радард стæм иу-’фæндзай сардзины, ленк кæнын та æз нæ зонын! Мæ- хицæй йæ ассонынмæ хъавын, фæлæ уый гæдыпау ныффидар мæ дзауматыл æмæ мæ æвиппайды тыхджын схуыст, чысыл ма ба- .хъæуа, денджызы мæ ма стæлфын кæна. Бæлæгъ ныдздзой-дзой кодта, фæлæ æз фæрæвдз дæн, æмæ нын æвирхъау хъæбысхæст бацандагъ и; агъуыддзинад мын лæвæрдта тых, фæлæ æз уай- тагъд бафиппайдтон, арæхстæй ме знаджы кæй не ’ййафын, уый... — Цы дæ хъæуы? — зæгъгæ, фæхъæр кодтон æз йæ гыццыл 200
къухтæ йын тынг нылхъивгæйæ; йе ’нгуылдзты къæр-къæр ссы- дис, фæлæ, мара-зæгъай, хъыпп-сыпп скæна: йæ калмы уаг ныб- быхстис уыцы хъизæмарæн дæр. — Ды федтай,— зæгъгæ, дзуапп радта уый,— ды банымудз- дзынæ! — æмæ мæ цыдæр нæртон хъæддыхдзинадæй бæлæгъы фарсы æдде æрфæлдæхта; мах нæ дыууæ дæр нæ астæуты онг бæлæгъæй æддæмæ æрцауындзæг стæм; уымæн йæ сæрыхъуын- тæ æндзæвыдысты доныл; уыдис стыр тохы минут. Æз ныббыцæу кодтон мæ уæраг бæлæгъы бынмæ, иу къухæй нын фæлæбурдтон йæ дзыккумæ, иннæмæй йæ хурхмæ, уый фе- уæгъд кодта мæ дзаума, æмæ йæ æз цæстыныкъуылдмæ доны З’ылæнты цæппæрстон. Уыдис дзæвгар талынг; йæ сæр ма мæм иу-дыууæ хатты фæ- зындис денджызы фынчы астæуæй, æндæр æз ницыуал федтон.... Бæлæгъы быныл æз ссардтон иу зæронд фиййаджы æрдæг æмæ уымæй куыддæртæй, бирæ фæхъизæмар кæныны фæстæ бæлæгъ наулæууæнмæ батардтон. Былты-былты нæхимæ уай- гæйæ-иу æз æнæбары фæкастæн, айразмæ ’хсæв куырм æхсæвон ленкгæнæджы æрбацыдмæ æнхъæлмæ цы ран кастис, уыцырдæм; мæй тылдис арвыл, æмæ мæм афтæ зындис, цыма чидæр урс дарæсы мидæг доны был бадтис, уыйау; æз цымыдисæй бахъуы- зыдтæн æмæ æрхуыссыдтæн кæрдæджы мидæг доны был, къар- диуы сæрмæ; сæр чысыл æддæмæ ’радаргæйæ мæнæн хорз уынæн уыдис айнæгæй, бынæй цы мн чындæуыдис, уыдон иууылдæр, земæ тыпг дис нæ фæкодтон, фæлæ ма цин дæр бакодтон мæ донычызджы базонгæйæ. Уый лæмæрста денджызы фынк йæ даргъ сæрыхъуынтæй; хуылыдз хæдон нывæвдыст кодта уы- нæн йæ тасаг гуыр æ’мæ йæ бæрзонд риу. Уалынмæ дардæй æр- базындис бæлæгъ, уайцъусдуг æрбахæстæг ис; рацыдис дзы, уыйразмæ ’хсæвы хуызæн, иу лæг, йæ уæлæ тæтæйраг худ, фæ- лæ æлвыд уыдис хъазахъхъаджы хуызæн æмæ йæ гæрз роны тъыст уыдис дынджыр къулгард. «Янко,— загъта чызг,— бабын сгæм!» — Уыйфæстæ сын ныхас бацайдагъ ис, фæлæ афтæ са- быр дзырдтой, æмæ сын сæ ныхæстæй фехъусын мæ бон ницы ссис. «Æмæ куырм та кæм ис?» — загъта фæстагмæ Янко хъæ- рæй.— «Æз æй арвыстон»,— радта йын дзуапп. Цалдæр минуты фæстæ æрбалæууыдис куырм дæр йе ’ккойы голлаг æмпъухгæйæ, .æмæ голлаг цæвæрдтой бæлæгъы. «Гъе, куырм, æрбайхъус-ма! — загъта Янко,— ды хъахъ- хьæн уыцы бынат... зоныс? уым зынаргъ базайрæгтæ ис... зæгъ (йæ ном ын нæ фехъуыстон), æз ын кусæг нал дæн; хъуыддæгтæ ацыдысты æвзæр, нал мæ фендзæнис, ныр тас у; цæуын куыста- гур æндæр ранмæ, фæлæ уый ахæм сæрæнгуырдыл нал фæхæст уыдзæнис. Ноджы йын зæгъ, фæллойы мызд хуыздæр куы фыс- 201
таис, уæд дæ, зæгъ, Янко дæр нæ ныууагътаид; мæнæн та алы- ран дæр — фæндаг, дымгæ кæмдæрцддæр дымы æмæ денджызы уынæр кæмдæриддæр хъуысы, уым!» — Иуцасдæр хъусæй аба- дыны фæстæ та Янко райдыдта дзурын: «Чызг ацæудзæнис ме- мæ; уымæн ам баззайæн нæй; зæронд усæн та зæгъ, мæлынафон: дын у, æгæр фæцардтæ, кад, рад зонын хъæуы, зæгъгæ. Мах та уынгæ дæр нал фæкæндзæнис». — Æмæ æз та? — загъта куырм тæригъæддаг хъæлæсæй. — Æмæ дæ цы кæнын? — радта йын дзуапп уый. Уалынмæ мæ донычызг бæлæгъмæ сгæпп кодта æмæ йе’мбал- мæ йæ къух фæтылдта: уый куырмы къухы цыдæр авæрдта: «Гъа, дæхицæн пряниччытæ балхæн» — «Гъендæр нæ?» — загъта куырм.— «Цæй, гъа, мæнæ ма дын ноджыдæр»,— æмæ згъæр> æхцайы зыланг дуртыл фæцыдис. Куырм æй нæ еиста. Янка сбадтис бæлæгъы, дымгæ кодта былырдыгæй, уыдон систой чы- сыл кæттаг æмæ асхуыстой размæ. Мæйрухсмæ бирæ фæзын-фæ- зын фæкодта урс кæттаг тар уылæнты’хсæнæй: куырм уыцы бад- тæй бадтис доны был, æмæ мæм æрбайхъуыстис цыдæр æрдиа- джы хуызæн: цыма куырм лæппу куыдта æцæгæй, æмæ фæкуыд- та бирæ, бирæ... Мæ зæрдæ суынгæг ис. Æмæ нæ зонын, мæ хъысмæт мæ цæмæн бахаста æууæнкджын контрабандистты æх- сæнмæ, уый? Лæгъз суадоны æппæрст дурау æз бахъыгдардтон: уыдонæн се’нцойад, æмæ дуры хуызæн, чысыл-ма бахъæуа, мæ- хæдæг дæр доны бынмæ ма ацæуон! Æз раздæхтæн нæ хæдзармæ. Тыргъы къæрццытæ кодта, чп басыгъдис, уыцы цырагъ хъæдын тæбæгъы мидæг, æмæ мæ хъа- захъхъаг, кæд ын фæдзæхст уыдис, ма-ну бафынæй у, зæгъгæ, уæддæр хуыссыдис тарф фынæйæ топпыл йæ дыууæ къухæй хæц- гæйæ. Æз æй æнцад ныууагътон, систон цырагъ æмæ хæдзармæ* бацыдтæн. Мæ зынаргъ дзауматæ кæм æвæрд уыдысты, уыцы чысыл чырын, ме’взист арæзт æхсаргард, дагънстайнаг хъама,— мæ хæлары лæвар — иууылдæр æрбадæлдзæхх сты. Гъеуæд æз фæхъуыды кодтон, ’цавæр дзауматæ хаста уыцы æлгъыст куырмг уый. Райхъал кодтон хъазахъхъаджы фаг æнæуæздан схуыстæй,. фæхæцыдтæн æм, фæмаст кодтон, фæлæ гæнæн ницыуал уыдис! Æниу худæг нæ уыдаид хицæуттæм хъаст кæнын, куырм лæп- пу мæ фæкъахта, æстдæсаздзыд чызг та мæ, чысыл ма бахъæуаг доны ма цæппара, зæгъгæ? Табу хуыцауæн, райсомæй мын фæ- цис цæуыны фадат, æмæ æз ныууагътон Тамань. Цы фесты зæ- ронд ус æмæ мæгуыр куырм — нæ зонын. Æниу мæн цы хъуыд- даг ис адæмы циндзинæдтимæ æмæ уынгæгдзинæдтимæ, мæн, хæтæг аÆицеры, ноджы, къазнайы хъуыддæгты тыххæй цæуы„ зæгъгæ, фæндаджы чиныг кæмæ ис, уый!.. Фыццаг хайы кæрон 202
ДЫККАГ ХАЙ Печорины журналы кæрон II КЪНЙАЗЫ ЧЫЗГ МЕРИ 11-æм майы Злон æз æрцыдтæн Пятигорскмæ, баххуырстон фатер горæт- гæрон, тæккæ бæрзонддæр ран, Машучы рæбын: тæрккъæвда афон-иу æврæгътæ сæхи æруадздзысты суанг мæ уæлхæдзары онг. Абон райсомæй фондз сахатыл æз мæ рудзынг куы байгом кодтон, уæд мæ уат байдзаг ис, мæгуырау разцæхæрадоны цы дидинджытæ зайы, уыдон тæфæй. Дидинæг æфтауæг ставд балы цæнгтæ кæсынц мæ рудзынгæй мидæмæ, æмæ дымгæ хатгай хур- туан фестын кæны мæ фыссæн стъол сæ урс дидинсыфтæй. Мæ акæсæнтæ æртæрдыгæй сты диссаджы райдзаст. Ныгуылæныр- 4 дыгæй цъæх дары фондзсæрон Бештау17, «пырх уады фæстаг "мигъы цъуппау», цæгатырдыгæй йæхи уæлвонг систа Машук, персайнаг хъуынджын худы хуызæн æмæ æмбæрзы арвгæронæн йæ уыцы хай æгасæй дæр; хурыскæсæнырдæм кæсын у хъæл- дзæгдæр: бынæй, мæ размæ, хъулон дары хæрзсыгъдæг, дзыхъ- хъынног горæт, хъæр кæнынц æвдадзы суадæттæ, гуыв-гуыв кæ- ны алывзаг адæмы гуылвæн,— уым, дарддæр та, амфитеатры хуызæн, куыд уæлæмæ цъæхдæр æмæ мигъджындæр хæхтæ, го- ризонты кæроны та адаргъ ис митджын цъуппыты æвзист рæхыс, 'Сæнайы хохæй райдайгæйæ æмæ дыууæсæрон Эльбрусæй фæ- уæвгæйæ... Хъæлдзæг у ахæм зæххыл цæрын! Цавæрдæр æхсыз- гон æнкъарындзинад пырх у мæ тугдадзинаты се ’ппæты дæр. Уæлдæф у сыгъдæгæмæ ног, сывæллоны байыхуызæн; хур—ирд, арв — цъæх — цы ма хъæуы æндæр? Цæмæн сты ам мондагдзи- нæдтæ, бæллындзинæдтæ, фæсмондзинæдтæ?.. Фæлæ мын афон у. Цон Елисаветæйы суадонмæ: уым, дам, райсомæй æрæмбырд вæййынц. Горæты астæумæ мæхи куы ’ристон, уæд ацыдтæн бульварыл; уым сæмбæлдтæн, уæлæмæ æнцадгай чи фæцæйцыдис, ахæм 17 Бештау — тæтæйрагау «Фондз хохы», Пятигорск æмæ Железноводскы цур. 203
цалдæр æнкъард къордыл; уыдонæн сæ фылдæр уыдысты быды- ры цæрæг помещикты бинонтæ: уымæн базонæн уыдис уайтагъд- дæр мæйттæн сæ ихсыд зæронд моДæйыл хуыд сюртуктæй, усты- тæн æмæ чызджытæн та сæ хæрзуынд фæлыстытæй. Æвæццæгæн æмæ сын дондзау фæсивæд ,æгасæй дæр хыгъд уыдысты, уый тых- хæй æмæ уыдон мæнмæ ракастысты фæлмас цымыдис æнгасæй: мæ сюртук бетъырбухаг карст кæй уыдис, уый сæ фæрæдийын код- та, фæлæ, уайтагъд æфсæддон пъалеттæ базонгæйæ, уыдон фыр- мæстæй сæ цæстытæ иннæрдæм аздæхтой. Бынатон хицæутты устытæ, дæтты æфсинтæ кæмæй загъдæуы,. уыдысты з’æрдæхæлардæр; уыдонмæ ис лорнеттæ, уыдон къад- дæр здахынц се ’ргом мундирмæ, уыдон сахуыр сты Кавказы номæрæвæрд цæппæры бын цæхæр зæрдæ æмæ урс тъæпæнхуды бын ахуыргонд зоцдыл æмбæлын. Уыцы æхсинтæ тынг уарзæгой æмæ дæргъвæтин уарзæгой сты! Алы аз дæр сæ уарзæттæ цæ- уынц ногæй ногмæ ивд æмæ, æвæццæгæн, се’вæлмæцгæ уарзон- дзинады сусæгад гъеуым æм’бæхст ис. Нарæг къахвæндагыл Ели- саветæйы суадонм.æ сцæйцæугæйæ -æз сæййæфтон штатон æмæ æфсæддон нæлгоймæгты къорд, æз уыйфæстæ куыд базыдтон, афтæмæй доны змæлдмæ æнхъæлмæгæсджыты ’хсæн хицæн адæ- мы фæлтæр чи сты, уыдон. Уыдон нуазынц — фæл.æ дон нæ, тезгъо кæнынц чысыл, сылгоймæгты фæдыл зилынц æрмæст аф- тæ, фæрсты рауайгæйæ; уыдон хъазынц æмæ хъаст кæнынц, хъыг кæнæм, зæгъгæ. Уыдон сты хъал: бъщ агуывзæ туагсондон цъайы бынмæ уадзгæйæ уыдон сæ гуыртæн акæнынц академион æвæрд; штатонтæ дарынц ирд — арвхуыз галстуктæ, æфсæддон- тæ рауадзынц æфцæгготы мндæгæй брижжæтæ. Уыдон се сæфт уынынц провинциаг æхсинтæй, улæфтытæ кæнынц, цы столи- цæйаг уæздан уазæгдæттæм сæ нæ уадзынц, уыдон мысгæйæ. Мæнæ, фæстагмæ, цъай дæр... Уым.æ ’ввахс чысыл фæзы иу чысыл хæдзар, сырх уæлхæдзар ын ваннæйы сæрмæ, иучысыл æддæдæр та æхгæдтыргъ, уарыны рæстæджы тезгъо кæм фажк- нынц, уый. Цалдæр цæф афицеры бадтис бандоныл сæ лæдз- джытæ сæхимæ байсгæйæ,— фæлурс, æнкъардæй. Цалдæр æхси- ны тындзгæ къахдзæфтæгæнгæ рацу-бацу кодтой фæзы, дæтты байгоммæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Уыдонæй дыууæ-æртæйæн уыдис хæрздзæбæх цæсгæмттæ. Машучы фахс цы сæнæфсиры аллейтæ æмбæрзынц, уыдоны бын-иу хатгай фæзындис, дыууæйæ хиба- рæй цæуын чи уарзы, ахæм сылгоймаджы хъулон худы, уый тых- хæй æмæ кæддæриддæр ахæм шляпæйы фарсмæ æз фиппайдтон- кæнæ æфсæддон тъæпæнхуд, кæнæ æвидауц тымбыл шляпæ. Айнæг къардиуыл, Эолы арфæ, аоей хонынц, уыцы авджын агъуыст кæм конд ис, уым лæууыдысты, бæстæпы хуызтæ чн уарзы, ахæмтæ, ,æмæ арæзтой телескоп Эльбрусмæ, уыдонпмсЕ: 204
уыдис дыууæ гувернйоры сæ хъомылгæнинæгтимæ; а фæстæгтæ æрцыдысты сæ хæлмæгтæ дзæбæх кæнынм,æ. Æз ныллæууыдтæн хæстулæфт гæнгæ хохæн йæ былыл, æмæ хæдзары фисыыыл банцойгæнгæйæ куыд райдыдтон фæлгæсын алырдæм мæ рæсугъд алфамбылæйттæм, афтæ æвиппайды хъу- сын фæстейæ мæ зонгæ хъæлæс: — Печорин! рагæй дæ ам? Фæстæмæ фæкастæн: Грушницкий! Кæрæдзи ныхъхъæбыс кодтам. Æз базонгæ дæн йемæ хæцæг балы. Уымæн йæ къах фæцæф нæмыгæй, æмæ ацыднс хъæрмæдонмæ мæнæй къуыри раздæр. Грушкицкий у юнкер. Уый æрмæст афæдз ис службæйы, йæ фырхъалæй дары бæзджын цинел. Ис æм салдаты Георгийы крест. У хæрзконд, саулагъз, саухил; бакæсгæйæ йыл цæуы 25 азы, кæд ыл, æвæццæгæн, цæугæ 21 азы дæр нæ кæны, уæддæр. Уый йæ сæр аппары фæстæрдæм, ныхас куы фæкæны, уæд, æмæ минутæй-минутмæ здухы йæ рихитæ йæ галиу къухæй, уый тых- хæй æмæ рахизæй æнцайы лæдзæгыл. Дзуры уый тагъд-тагъд æмæ къæлæс-мæлæс ныхæстæй: уый у ахæм адæмæй, царды фадæттæн се ’ппæтæн дæр уæлвонг, стыр ныхæстæ цæттæйæ кæ- мæ лæууынц, хуымæтæджы иттæг рæсугъддзинад кæй не ’нда- вы,кæмæ нæ хъары æмæ æнæмбал, æвирхъау æнкъарындзинæд- тæй, бæрзонд мондагдзинæдтæй æмæ æнæфенгæ удхардзинæдтæй сæхи чи астæры. Зæрдæйы нуæрттæ змæлын кæнын — се ’хсьгз- гондзинад: уыдон тынг цæуынц романтикон провинциаг сыл- гоймæгты зæрдæмæ. Зæрондырдæм уыдон свæййынц кæнæ æн- цад-æнцой цæрæг помещиктæ, кæннод та расыггæнджытæ,— иу- æй-ну хатт та иу дæр æтæ иннæ дæр. Сæ зæрдæйы ис бирæ хорз миниуджытæ, фæлæ дзы æрдуйы бæрц дæр нæй поэзи, Грушниц- кийæн мацы ратт декламаци кæнынæй æндæр: уый-иу уæ дзырд- ты бын фæкодта, куыддæр-иу ныхас йæ хуымæтæджы фæткыл æмбарæнты зиллаккæй рахызтис, афтæ; йемæ быцæу кæнын æз никуы фæрæзтон. Уый уьгн дзуапп нæ дæтты уæ фæстæмæ дзыр- дæн, уьгй уæм нæ хъусы. Чысьгл дæр уæ ныхас фæурæдтат, зæгъ- гæ, афтæ райдайы дæргъæлвæс ныхас, зæгъдзыстут, сымах цы загътат, уыимæ се ’хсæн цьгдæр бастдзинад и.с, афтæмæй, æцæ- гæй та уый вæнйьг æрмæст йæхи ныхасы дьгмæг. Уый у фаг цыргъæвзаг: йæ эпиграммæтæ вæййынц арæх хъæлдзæг, фæлæ рæстдзæф æмæ мæстæргом нæ вæййынц: уый никæй амардзæн йæ иунæг дзырдæй; уый нæ зоны адæмы <æмæ уыдонæн сæ лæмæгъдзинæдтæ, уый тыххæй æмæ йæ цæрæнбонты уып æгасæй дæр архайдта æрмæст йæхиуыл. Иæ хъавд, йæ ны- сан у романы сгуыхт лæг суын. А дунейы цæрынæн фæлдыст ■кæй нæу, цавæрдæр сусæг хъизæмæрттæн нывондгонд кæй у, 205
ууыл иннæты афтæ арæх æууæндын кодта, æмæ зæгъæн ис, йæ~ хи дæр бауырныдтой, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ афтæ хъалæй дары уый йæ бæзджын салдатаг цинел.— Æз æй бамбæрстон, æмæ мæ уый тыххæй уый нæ уарзы, кæд, æддейы бакæсгæйæ, тынг лымæнтæ стæм, уæддæр. Грушницкийы хонынц стыр хъæбатыр лæг; æз æй федтон хъуыддаджы мидæг: æхсаргард тилы, хъæр кæны æмæ бырсы размæ йæ цæстытæ бацъынд кæнгæйæ. Уый уырыссаг хъæбатырдзинады хуызæн нæу!.. Æз дæр æй нæ уарзын: мæ зæрдæ мæм дзуры, нарæг фæн- дагыл йемæ искуы хæрхæмбæлд кæндзыстæм æмæ уæд нæ дыу- уæйæ иуыл сау бон ныккæндзæнис, з-æгъгæ. Кавказмæ дæр осыдис уый йæ романтикон хъуытыргъандзи- нады дымæгмæ; мæн уырны, йæ фыды хъæуæй куы раст кодта, уый размæ йæ сыхы рæсугъдтæй искæмæн уый тар цæсгомæй кæй дзырдтаид, афтæ, хуымæтæджы службæ кæнынмæ нæ, фæ- лæ адзал агурæг кæй цæуы, уый, уый тыххæй æмæ... ардæм куы ’рхæццæ, уæд, æвæццæгæн, йæ къухæй йæ цæстытæ бамбæрзта æмæ дарддæр дзуры афтæ: «нæ, сымах (кæнæ ды) хъуамæ уый ма зонат! Уæ сыгъдæг, уæ рæсугъд зæрдæ нырриздзæнис! Æмæ цæмæн? Цы дæн æз сымахæн? Æниу мæ бамбардзыстут?..» æмæ афтæ дарддæр. Уый мьгн йæхæдæг дзырдта, К- полкъмæ йæ цы бацæуын кодта, уый мыггагмæ дæр сусæгæй кæй баззайдзæнис йæхицæй æрвты ’хсæн, уый. Уæвгæ, йæ трагикон пæлæз й,æ уæленæ цы минутты раппары, уыцы минутты Грушницкий вæййы фаг дзæбæх æмæ хъæлдзæг. Фæнды мæ уый сылгоймæгты ’хсæн фенын: уым хæрзаг йæхи- уыл æппындæр нал фæауæрды! Мах кæрæдзиуыл сæмбæлдыстæм рагон лымæнтæй. Æз æй райдыдтон рафæрс-бафæрс кæнын, хъæрмæдоны царды уаг куыд у, æмæ дзы зынгæ адæмæй чп ис, уыдæттæй. — Мах кæнæм фаг æнæхуыз цард,— загъта уый ныуулæф- гæйæ,— райсомæй доннуазджытæ сты уæнгуагъд, рынчынтæ æгасæй дæр куыд вæййынц, афтæ, изæрæй сæннуазджытæ та сты фыдæнцой, æбыхсгæ, æнæнизтæ æгасæй дæр куыд вæййынц, афтæ. Сылгоймæгты къордтæ дæр дзы ис; æрмæст сæ зæрдæ бирæ нæ райы. Уыдон хъазынц къамæй, сæ дарæс у æнаив, æмæ францусагау дзурынц тынг цауд! Ацы аз дзы Мæскуыйæ ис æрмæст иунæг кънйазы ус Лиговская йæ чызгимæ; фæлæ æз се- мæ зонгæ нæ дæн. Мæ салдаты цинел у хъодыйы мыхуыр. Тæ- ригъæд мын кæй кæнын кæны, уый мын у зын, мæгуыргуры лæ- вары хуызæн. Уыцы минутыл нæ рæзты цъаймæ сивгъуыдтой дыууæ æхси- ны: иу ацæргæ, иннæ та æвзонг, хæрзконд. Шляпæты аууонæй 206
сын сæ цæсгæмттæ дзæбæх нæ раиртæстон, фæлæ уыдон дарæ- сæй арæзт уыдысты аккаг хорз фидауц: уæлдайæ сыл мур ницы уыдис. Дыккагыл уыдис разæхгæд къаба ^пз йе рег1ез13 рог зæлдаг æртæтигъон кæлмæрзæн уыдис тыхт йæ тасгæ хъуыры алыварс. Сои1ег рисе19 батинкæтæ йын йæ чысыл цолагомау къахы фадхъул афтæ аив æлвæстой, æмæ рæсугъддзинады су- сæгдзинæдтæн чи ницы ’мбары, уый дæр æнæмæнг, «уæуу», зæгъ- гæ, фæхъæр кæнид, фырдисæй уæддæр. Йæ рог, фæлæ йæ уæз- дан цыды уыдис цавæрдæр æнаипп æнæрцæфдзинад, сбæлвырд кæнæн кæмæн нæй, фæлæ цæст кæй æмбары, ахæм. Уый нæ рæз- ты куы аивгъуыдта, уæд нæм дзы рацыдие, уарзон сылгоймаджы уацфыст иуæй-иу хатт куыд фæтæф кæны, зæгъæн кæмæн нæй, ахæм диссаджы хорз тæф. — Уæртæ кънйазы ус Лиговская,— загъта Грушницкий,— æмæ йемæ йæ чызг Мери, англисаг ахастæй йæ уый афтæ хоны. Уыдон ам сты нырма æрмæст æртæ боны. — Афтæмæй йын ныридæгæн йæ ном зоныс? — О, куыддæр æй æнæнхъæлгæ фехъуыстон,— загъта уый,— йæхэедæг фæсырх ис,— раст дьгн зæгъон, нæ мæ фæнды сæ базо- нын. Ацы хъал уæздан адæм кæсынц махмæ, æфсæддонтæм, цы- ма хъæддæгтæ стæм, ахæм цæстæй. Æмæ сæ хъуыддаг та цы ис, номæрæвæрд тъæпæнхуды бын, зонд æмæ бæзджын цинелы бын зæрдæ ис æви нæй, уыимæ? — Гъе, мæгуыр цинел, уæвгæйæ та! — загътон æз худгæйæ.— Уæд сын уыцы господин та чи у, сæ размæ чи бацыд æмæ сæм афтæ лæггадгæнгæ агуывзæ чн дæтты, уый? — О! уый у мæскуыйаг хъал Раевич! Уый у къамæй хъазæг: уый уайтагъддæр бæрæг у, йæ æрвхуыз къандзолыл цы стыр сызгъæрин рæхыс здыхтытæ кæны, уымæй. Æниу æм цы ставд лæдзæг ис — дыккаджы Робинзон Крузойы лæдзæг! Уыдонмæ гæсгæ йæ зачъе дæр, йæ сæр дæр а 1а тои§1к20 фаст. — Ды хæрам дæ æгас адæмы мыггагмæ дæр. — Æодæ ис, цæй номыл сæм уон, уый. — Ау! æцæг? Уыцы рæстæджы æхсинтæ цъайæ иуварс рацыдысты æмæ нæ комкоммæ æрхæццæ сты. Грушницкийæн йæ къухы бафтыд йæ лæдзæджы руаджы драман лæуд акæнын æмæ мын хъæрæй дзуапп радта францусагау: 18 Сп5 сЗе рег1ез — цъæхбын-иыкура хуыз. 19 Сои1еиг рисе — тарморæ хуыз. 20 Мужуккагау фаст. 207
— Моп сЬег, \е Ьа15 1ез Ьоттез. роиг пе раз 1ез тёрпзег саг аи1гетеп1 1а У1*е зегаЦ ипе 1агсе 1гор с1едой1ап1е21. Кънйазы рæсугъд чызг фæстæрдæм фæзылдис æмæ куырыхоь лæгæн балæвар кодта дæргъвæтин цымыдис каст. Уыцы цæстæн гас уыдис тынг æнæбæрæг, фæлæ йыл худа, зæгъгæ, ахæ I цæстæнгае нæ уыдис, æмæ йын уый тыххæй æз мæхпным-æ ы зæрдиаг арфæ ракодтон. / — Ацы кънйазы чызг Мери нæртон рæсугъд у,— загътон ын æз.— Ахæм хъæдабæ цæстытæ йын ис æмæ, о-о, æцæгæй дæр хъæдабæ; æз дын фæнд кæнын уыцы ныхас дæхи схонын; йæ цæстыты кой кæнгæйæ: йæ дæллаг æмæ уæллаг цæстыхаутæ аф- тæ даргъ сты, æмæ хуры тынтæ нæ хъазынц йæ гагуыты. Æз уар- зын уыцы цæстытæ — æнæрттивгæ цæстытæ: уыдон афтæ фæл- мæн сты, цыма дæ даугæ кæнынц, уыйау... Уæвгæ, æнхъæлдæн æмæ, йæ цæсгомыл æрмæст гъеуыдон ис хорзæй! Уæд цымæ йæ дæндæгтæ урс сты? Уый стыр хъуыддаг у! Æвгъуаг, кæй нæ бахудтис йæ мидбылты дæ хæмпус ныхæстæм. — Ды хорз сылгоймагæй кæныс, цыма англисаг бæх у, уый ныхæстæ,—загъта Грушницкий хъуыр-хъуыргæнгæ. — Моп сЬег,— дзуанп ын радтон æз, йæ хъæлæсы хатт ып фæзмыныныл архайгæйæ,— ]е терпзе 1ез {еттез роиг пе раз 1ез а1тег, саг аи!гетеп! 1а \пе зегаИ ип тё1о(1гате 1гор г1Й1си- 1е22. Æз фæзылдтæн æм*æ дзы мæхи иуварс райстон. Сахатырдæ- джы бæрц æз фæтезгъо кодтон сæнæфсиры астæувæндæгтыл, чъырдур къвдзæхтыл æмæ се ’хсæн цы къудзитæ æрзæбул ис, уыдон астæуты. Райдыдта æнтæф кæнын, æмæ æз батагъд код- тон нæхимæ ацæуыныл. Туагсондон суадоны фæрсты фхцæйцæу- гæйæ æз ныллæууыдтæн æхгæд тыргъы цур, аууоны мæ улæфт суадзон, зæгъгæ, æмæ мын уымæ гæсгæ .æрцыдис фаг цымыди- саг сценæ феныны фадат. Архайджытæ мæнæ цыхуызы мидæг уыдысты: кънйазы ус мæскуыйаг фыдхъалимæ бадтис бандоныл æхгæд тыргъы, æмæ дыууæ дæр лæуд уыдысты, æнхъæл дæн, зæрдиаг ныхасыл. Кънйазы чызг, æвæццæгæн, фæстаг агуывзæ нуæзт куыд фæцис, афтæ йæхимæ хъусгæйæ рацу-бацу кодта цъайы фæрсты. Грушницкий лæууыдис цъайы хæд раз; уымæй æддæмæ фæзы æндæр ничи уыдис. Æз бацыдтæн хæстæгдæр ’мæ æхгæд тыргъы фисыны аууо- 21 Мæ хæлар, æз адæмæй уымæн ме сæфт федтон, .æмæ сыл зынæрвæс- сон ма кæпон, уый тыххæй æмæ уæд цард суаид хæрзæнад ф а р с (хъæлдзæг пьссæ). 221 Сылгоймæгтæм æз æнæрвæссон цæстæй уымæн кæсын, цæмæй сæ уарз- гæ ма кæнон, уый тыххæй æмæ цард уæд суайд иугуыр худæг мелодрлмæ. 208 1
ны æрæмбæхстæн. Уыцы минутыл Грушницкийæн йæ агуывзæ \æрхаудис йæ къухæй змисмæ æмæ йæм сисынмæ æргуыбыр кæ- ^ыныл амæлттæ кодта: йæ риссаг къах æй хъыг дардта. Мæгуы- рæг! чердæм нæ архайдта йæ лæдзæгыл æнцæйттæгæнгæ, фæл’æ ницы. Ие’ргом цæсгом æцæг-æй дæр æвдыста йæ зæрдæйы рыст. \Кънйазы чызг федта уыдон иууылдæр мæнæй хуыздæр. 1Дъиуæй рогдæр æм багæпп кодта, йæхи фæгуыбыр кодта, фелвæста агуывзæ æмæ йæм æй авæрдта йæ уæнгтæ, зæгъæн нæй, афтæ рæеугъд базмæлын 1кæнгæйæ, стæй тынг фæсырх ис, фæкастис фæстæмæ æхгæд тыргъмæ æмæ, йæ мад кæй ницы фед- та, уый куы базыдта, уæд, æнхъæлдæн æмæ, уайтагъд йæ зæрдæ æрæнцадис. Грушницкий йæ дзых куы байгом кодта, арфæ йын ракæнон, зæгъгæ, уæд дзы чызг уалынмæ адард ис. Минуты фæстæ уый рацыдис æхгæд тыргъæй йæ мад æмæ Раевичпмæ, фæлæ Грушницкийы фæрсты куы фæцæйцыдис, уæд йæхи мæ- лæты æгъдауджын æмæ кадджынхуыз акодта — фæстæмæ дæр нæ ракастис, нæ йын бафиппайдта, цалынмæ хохы сæрæй дæлæ- мæ æрцæугæйæ бульвары сусхъæд бæлæсты аууон фæцис, уæд- мæ йæм уый цы мондаг цæстæнгас фæдардта, уый дæр. Фæлæ уалынмæ йæ шляпæ фæзындис уынджы фале; уый базгъордта Пятигорскы хуыздæр хæдзæрттæй иуы кулдуарæй. Йæ фæдыл ’бащыдис йæ мад, æмæ кулдуары раз Раевичимæ кæрæдзийæн хæрзбон загътой. Æрмæст гъеуæд фæхъуыды кодта мæгуыр мондаг юнкер, æз уым кæй уыдтæн, уый. — Федтай? — загъта уый, мæ къух мын тынг цæлхъывта, аф- тæмæй,— уый сыгъдæг зæд у! — Цæмæн? — зæгъгæ, йæ бафарстон æз тьшг æнæхин, сыгъ- дæгзæрдæхуызæй. — Ау, æмæ нæ федтай? — Куыд нæ федтон: уый дын систа дæ агуывзæ. Ам гæс куы уыдаид, уæд уый дæр афтæ бакодтаид, ноджы ма тагъддæр, арахъхъы аргъ райсын æнхъæлмæ кæсгæйæ. Уæвгæ, тынг æргом у, тæрпгъæд дын кæй фæкодта, уый: афтæ тынг ныккæрзыдтæ, ныккатай кодтай, дæ цæф къахыл куьГрæнцадтæ, уæд, æмæ... — Гъемæ дæм æппындæр нииы бахъардта, йæ уд æгасæй дæр йæ цæсгомыл куы’рттывта, уыцы минут уымæ кæсгæйæ? — Нæ. Æз сайгæ кодтон; фæлæ мæ фæндыд уый мæстæй марын. Ныхмæ дзурыны низ мæнæн мемæ райгуырдис; мæ цард циу, уымæй æгасæй дæр уыдис æрмæст æнкъард æмæ æнамонд бы- дæудзинæдты рæхыс мæ зæрдæимæ, науæд та — мæ зэндимæ. Ныфсджын лæг, энтузиаст мæ цуры куы вæнйы, уæд мыл цыма донскъæфæны уазал æрбакæны, уыйау фæвæййын, æмæ, æз аф- 14 М. Ю Лермонтов 209
тæ ’нхъæл дæн æмæ, уæнгуагъд, флегматикимæ арæх куы ’мбæ- лин, уæд суин диссаджы митæй мæсгуытæ амайæг. Сæттын но- джыдæр ма, æнад, фæлæ мын зонгæ цы æмбудæн уыд, уый зы/ на-нæзына рог уад ракодта уыцы минут мæ зæрдæйыл: уыцы æмбудæн уыдис — хæлæгдзинад; æргом æй зæгъын «хæлæгдзй- над», уый тыххæй æмæ æз сахуыр дæн мæхæдæг мæхицæн ал- цæуыл дæр сæттын; æмæ, æвæццæгæн, ахæм лæппулæг нæ ;ра- зындзæнис, æмæ уый æвдæлон, ривæд хъусдард йæхимæ чи азда- ха, æмæ æвиппайды уый цур æндæр æнæзонгæ лæппуйы æргом буцдæр чи скæна, ахæм рæсугъд сылгоймагыл сæмбæлгæйæ,— æвæццæгæн, зæгъын, ахæм лæппулæг нæ разындзæнис (ан-гъай, стыр адæмты’хсæн чн фæцардис æмæ йæ сæры кадыл фырнымд чи у, уыдонæй), æмæ уыцы хъуыддаг стыр хъыг кæмæ нæ фæ- кæса. Æнæдзургæйæ мах æрцыдыстæм Грушницкиимæ хохы сæ- рæй æмæ ныйивгъуыдтам бульварыл дæлæмæ, Мери цы хæдза- ры фæмидæг ис, уый рудзгуыты фæрсты. Уый бадтис рудзынджы раз. Грушницкий, мæ цонг айвазгæйæ, чызгмæ бакасти, сылгой- магмæ афтæ чысыл чи хъары, уыцы змæст-буц цæстæнгастæй иуæй. Æз æм фæцарæзтон лорнет23 æм.æ бафиппайдтон, Груш- ницкийы кастмæ уый йæ мидбылты кæй бахудтис, æмæ йæ мæ къæйных лорнет ахъаззаг кæй смæсты кодта, уый. Æмæ, бæгуы- дæр, куыд уæнды кавказаг æфсæддон мæскуыйаг кънйазы чызг- мæ авджы саст аразын?.. 13-æм майы Абон райсомæй мæм æрбацыдис дохтыр; йæ ном хуины Вер- нер, фæлæ у уырыссаг. Уæвгæ ам диссагæй цы ис? Æз зыдтон и.у Ивановы, кæцы уыдис немыцаг. Вернер у диссаджы лæг бирæ цæмæдæртæм гæсгæ. Уый у скептик æмæ материалист, дохтыртæн сæ фылдæр куыд сты, аф- тæ, афтæмæй та у поэт дæр,— æнæ хъазгæйæ: поэт хъуыддагæй кæддæриддæр, арæх та ныхæстæй дæр, кæд йæ цæрæнбонты дыууæ æмдзæвгæйы рæнхъы никуы ныффыста, уæддæр. Уый бæ- рæг кодта сæрæй бынмæ адæймаджы зæрдæйы цардæгас тæнтæ, амонæнтæ, мард буары нуæрттæ бæрæггæнæгау, фæлæ никуы зыдта йæ зонындзинадæй спайда кæньгн: афтæ-ма хатгай тынг хорз анатомик нæ фæзоны адæймаджы тæфсæгæй сдзæбæх кæ- нын! Вернерæн йе ’гъдау уыдис сусæгæй йæ рынчынтыл худын; фæлæ й.æ æз иухатт федтон, мæлæг салдаты уæлхъус куыд куыд- та, уый... Вернер уыднс мæгуыр лæг, фæндыдис æй милуанты хи- цау суын, афтæмæй та æхцайы тыххæй уæлдай къахдзæф нæ Хæцæнджын кæсæнцæст. 210
зкодтаид; уый мын иухатт афтæ загъта, лымæнæн æфстау рат- тыны бæсты, дам, фæлтау знагæн ратдзынæн, уый тыххæй æмæ, зæгъы, лымæнæн хæрзиуæг дæттын хæрзиуæг уæй кæнынæй хъау- джыдæр нæ уаид, афтæмæй та хæрамдзинад æрмæст тынгдæр фæуыдзæн ныхмæлæууæджы бирæ барындзинад, зæрдæйы пара- хатдзпнад цас уа, уымæ гæсгæ. Уымæн уыдис фыдæвзаг: йе ^лхыскъ ныхасы фæрцы иу .æмæ дыууæ раст адæймагыл не сбад- тис æдылыйы ном; йæ фыдгултæ, йемæ быцæу чи кодта, уыцы хæлæггæнаг суардоны дохтыртæ йыл атауыс кодтой, цыма йæ рынчынтыл уый карикатурæтæ фыста, уыйау; рынчынтæ йæм тьгнг смæсты сты, се ’ппæт дæр ыл æвдисæн бакодтой. Иæ лы- мæнтæ, ома, æцæг адæмы хуызæн адæмæй Кавказы службæ чи кодта, уыдон ма бæргæ архайдтой уымæн йæ ном йæ бынаты сбадын кæныныл, фæлæ ницы. Иæ бакаст — йæ фæлгонц уыдис, фыццаг фендæй адæмæн тынг æнад чи вæййы, фæлæ уыйфæстæ, цæст куы фæцахуыр вæййы, фыдуынд адæймагæн дæр фæлтæрд æмæ уæздан уд кæй ис, ууыл, уæд зæрдæм,æ цæуын чи байдайы, уыдонæй иу. Уыдпс- иу афтæ, æмæ-иу сылгоймæгтæ ахæм лæгты сæ удæй фылдæр кæд бауарзтой æмæ сын сæ фыдуынддзинад хæрзног æмæ розæ- хуыз эндимпонты хæрзуынддзинадыл кæд нæ баивтаиккой; раст зæгъын хъæуы сылгоймæгтæй: уыдонмæ ис уды рæсугъддзинады æмбудæн, инстинкт, æвæццæгæн æмæ Вернеры хуызæн адæй- мæгтæ сылгоймæгты афтæ мондаг уарзт дæр гъеуый тыххæй кæ- нынц. Вернер уыдис асæй чысыл, цыбыр лæг, цола æмæ лæмæгъ, сывæллоны хуызæн; йæ иу къах уыдис пннæмæй цыбырдæр Бай- роны хуызæн, йæ гуыр,мæ гæсгæ йæ сæр зындис æгæр дынджыр: уый æлвыдта йæ сæрыхъуынтæ сæрвасæнбын æмæ, йæ сæры- къуыдырыл цы æнæлæгъзадтæ, уæлдæр-дæлдæртæ уыдис æмæ фæсæлвыд дзæбæх чи зындис, уыдон дисæй амæлын кодтапккой френолоджы кæрæдзийы ныхмæ æвæрд миниуджыты æнахуыр баиуæй. Йæ гьщцыл сау нæстытæ, æдзух цырд чи уыдис, уы- дон архайдтой адæймаджы хъуыдытæ базоныныл. Иæ дарæсыл зыидис йæ аив æмæ йæ хæрзæфснайддзинад; йæ цолабын, нуар- джын æмæ гыццыл къухтæ рæсугъд зындысты йæ ирд-бур æрм- къухты мидæг. Иæ сюртук, хъуырбос æмæ жилет æдзухдæр уы- дысты сау. Фæсивæд æй схуыдтой Мефистофель; уыцы номыл мæсты цыма кодта, йæхи дардта афтæ, афтæхмæй та дзы йæхи буц кодта. Мах нæ кæрæдзийы тагъд бамбæрстам æмæ фæлы- мæн стæм, уый тыххæй æмæ хæлар кæнын мæнæн мæ хъæды нæй: дыууæ хæларæй кæддæриддæр иу вæййы иннæны цагъар, кæд арæх сæ дыууæйæ иу дæр йæхинымæры уыцы хъуыддагыл нæ фæсæтты, уæддæр; цагъар уæвын мæ бон нæу, искæмæн уы- 211
наффæ кæнынæй та адæймаг фæлмæцгæ кæны — уый тыххæй æмæ ма уымæй уæлдай ноджы фæливын дæр хъæуы; стæй мæ’ уыдæтты сæр дæр цæмæн хъæуы, кæд ,мæм лакейтæ æмæ æхца ис, уæд! Лымæн та мæнæ куыд баистæм: æз сæмбæлдтæн Верне- рыл С.-ы стыр æмæ хъæлдзæг фæсивæды æмбырды мидæг; ны- хас ныллæууыдис изæрæн йæ кæронмæ ’ввахс философи-метафи- зикон æгъдауыл; ныхас кодтой уырнындзинæдты тыххæй; алка:й дæр уырныдта алцытæ. — Мæхицæй уын куы зæгъон, уæд мæн уырны æрмæст пу хъуыддаг...— загъта дохтыр. — Æмæ уый цы у? — зæгъгæ, йæ бафарстон æз, уæды онг йæхицæн æнцад, æнæдзургæйæ чи бадтис, уый кæддæра ныр цы зæгъид, зæгъгæ, уый базоныны тыххæй. — Уый,— дзуапп радта дохтыр,— æмæ раджы уа, æрæджьг уа, уæддæр мын иу дзæбæх райсом æнæмæлгæ кæй нæй, гъеуый. — Æз дæуæй хъæздыгдæр дæн! — загътон æз,— мæн ма уæдæ, уымæй уæлдай иу хъуыддаг уырны — цавæр куы зæгъай^ уæд иу дзæбæх изæр æз æнамонды гуырд кæй ракодтон, уый. Иууылдæр загътой, ницæйаг ныхæстæ кæнæм, зæгъгæ, аф- тæмæй дзы, æцæг, уымæй зондджындæр ныхас ничи ракодта. Уыцы минутæй фæстæмæ адæмы дзыгуыры ’хсæн дæр мах ир- тæстам кæрæдзийы. Мах арæх æмбæлдыстæм кæрæдзийыл1 æмæ-иу дыууæйæ иумæ ныхас кодтам иппæрд хъуыдыты тых- хæй тынг зæрдиагæй, цалынмæ-иу нæ дыууæ дæр, кæрæдзийы кæй сайæм, уый нæ бафиппайдтам, уæдмæ. Уæд-иу, кæрæдзийьг цæстытæм зæрдиаг, æмбарæн каст бакæнгæйæ, Цицероны загъ- дау, ромаг авгуртæ куыд кодтой, афтæ-иу мах райдыдтам кæл- кæлæй худын æмæ-иу нæ фаг куы фæхудтыстæм, уæд-иу фæй- нæрдæм ахæлиу стæм, нæ изæрæй разы уæвгæйæ. Æз хуыссыдтæн диваныл уæлгоммæ, мæ цæстытæ цары цав- дæй, мæ къухтæ мæ къæбуты бын, афтæмæй, Вернер мæ уатмæ* куы ’рбацыдис, уæд. Уый æрбадти къæлæтджьш бандоныл, цæ- вæрдта йæ лæдзæг къуымы, ныззæмбыдта æмæ загъта, æддейьг æнтæф кæнын байдыдта, зæгъгæ. Æз ын дзуапп радтон, бын- дзытæ мæ тыхсын кæнынц, зæгъгæ,— æмæ нæ дыууæ дæр ныхъ- хъус стæм. — Уый бахъуыды кæн, уарзон дохтыр,— загътон æз,— æмæ æдылытæ куы нæ уаиккой, уæд дунейыл тынг æнкъард уаид... Æрбакæс-ма, «мæнæ мах — дыууæ зондджын адæймаджы; мах зонæм раздæр, алцæй тыххæй дæр быцæу кæнæн кæй ис æнæ- кæрон, уый, æмæ уымæ гæсгæ быцæу нæ кæнæм; мах зонæм кæ- ра^дзийы сусæг хъуыдытæ æгасæй дæр; иунæг дзырд махæн у æнæхъæн истори; уынæм нæ алы æмбудæны апп æртывар агъу- ды æддейæ дæр. Æнкъард кæнын цæуыл хъæуы, уый махæн ху- 212
дæг у, худын цæуыл хъæуы, ууыл та хъынцъым кæнæм, иуны- хасæй, алцæмæ дæр мах стæм фаг уазалзæрдæ, нæхицæй фæ- стæмæ. Афтæ уæдæ, æмбудæнтæн æмæ хъуыдытæн ивæн нæй мах æхсæн: мах зонæм, нæ кæрæдзийы тыххæй нæ цыдæриддæр зонын фæнды, уыдон иууылдæр, æмæ нæ фылдæр зонын нæ фæнды; ис ма нын иу фæрæз: ног хабæрттæ дзурын. Зæгъ-ма мын уæдæ исты ног хабар... Даргъ ныхасæй бафæлмæцгæйæ æз бацъынд кодтон мæ цæ- стытæ æмæ ныззæмбыдтон. Уый мын дзуапп радта ахъуыды кæнгæйæ: — Дæ ницæйаг сæнтты мидæг уæддæр идейæ ис. — Дыууæ,— сдзырдтон æз. — Зæгъ мын дзы иу, иннæйы та дын æз зæгъдзынæн. — Хорз, райдай!—загътон æз, цармæ æдзынæг кæсгæйæ^ æмæ мæхинымæры худгæйæ. — Дæу фæнды, хъæрмæдонмæ чи’рцыдис, уыдонæй искæй тыххæй исты лыстæг хабæрттæ базонын, æмæ йæ æз æнкъарын, кæй мæт дæ ис, уый, уымæн æмæ дæу тыххæй уым фарстой. — Дохтыр! махæн æппындæр ныхас кæнæн нæй: мах кæсæм кæрæдзийы зæрдæйы. — Ныр иннæ... — Иннæ идейæ мæнæ: мæн фæндыдис дæуæн исты радзу- рын кæнын; æппæты фыццаг уымæн, æмæ хъусын æвæлмæцгæ- дæр у; дыккагæй, æнæхъуаджы ныхас сирвæзынæй тас нæу; æртыккагæй, ис базонæн искæй сусæгад; цыппæрæм, уый тых- хæй æмæ дæу хуызæн зондджын адæймæгтæ хъусджыты фыл- дæр уарзынц дзурджытæй. Цæй, ныр хъуыддаджы тыххæй; цьг загъта дæуæн кънйазы ус Лиговская мæн тыххæй? — Тынг дæ уырны, уый кънйазы ус кæй уыдис... йæ чызг нæ фæлæ, уый?.. — Æххæстæй мæ уырны. — Цæмæ гæсгæ? — Уымæн æмæ кънйазы чызг фарста Грушниикийы тыххæй. — Дæумæ ис хъуыды кæнынмæ’ стыр курдиат. Кънйазы чызг загъта, салдаты цинелы цы лæппулæг цæуы, уымæн йæ цин дуэлы тыххæй салдатмæ ивд кæй у, уый мæ уырны, зæгъгæ... — Мæ зæрдæ дыл дарын, уыцы æхсызгон рæдыды мидæг æй кæп ныууагътаис, уымæй? — Кæй зæгъын æй хъæуы... — Æлхынцъ уал ис!—фæхъæр кодтон æз щинæй мæлгæ,— уыцы комеди райхæлдыл мах бакусдзыстæм. Бæлвырд у, æз хъыг куыд нæ кæнон, ууыл Хъысмæт кæй ауды, уый. — Æз раздæр æмбарыи,— загъта дохтыр,— мæгуыр Груш- ницкий дæ амæттаг кæй кæндзæнис, уый... 213.
— Дарддæр, дохтыр... — Кънйазы ус загъта, дæ цæсгом ын зонгæ у, зæгъгæ. Æз ын загътон, сыгъдæгæй дæр дæ Бетъырбухы фендтытæ кодта, искуы стыр адæмты ’хсæн... æз ын загътон дæ ном... зыдта йæ. Æнхъæлдæн æмæ дæ истори уым бæстæ йæ сæрыл систа... кънйазы ус байдыдта дзурын, сылгоймæгты фæдыл куыд зыл- дыстут, уæздан адæмы загъта-багътайыл ма, æвæццæгæн, йæхи- дæй къæдзилтæ дæр æфтаугæйæ... Чызг æм цымыдисæй хъуыс- та. Иæ зонды мидæг ды сдæ ног уагыл арæзт романы герой, сгуыхт лæг... Æз кънйазы усæн йæ ныхмæ ницы дзырдтон, ни- цæйаг ныхæстæ кæй кодта, уый кæд зыдтон, уæддæр. — Аккаг лымæн! — загътон æз, мæхæдæг æм мæ къух рад- тон. Дохтыр æй зæрдиаг æлхъывд ныккодта æмæ дзырдта дард- дæр: — Кæд дæ фæнды, уæд дæ æз базонгæ кæндзынæн.... — Уанцон нæу! — загътон æз мæ къухтæ кæрæдзийыл ныц- цæгъдгæйæ,— æмæ сгуыхт лæгты зонын фæкæнын кæнынц? Уы- дон æнæуый сæхи нæ зонын кæнынц; æрмæст — сæ уарзон сыл- гоймаджы æргом адзалæй куы фервæзын кæнынц, уæд афтæ- мæй... — Æмæ ды зæрдиагæй хъавыс кънйазы чызджы фæдыл ра- цу-бацу кæнынмæ?.. — Æппындæр нæ!.. Дохтыр, фæстагмæ æз уæлахиз кæнын: ды мæ не ’мбарыс!.. Уый мын, уæвгæ, хъыг у, дохтыр,— ныхас кæнын та байдыдтон æз иу минуты бæрц афæстиат уæвгæйæ,— æз мæ сусæгдзинæдтæ мæхæдæг никуы ’ргом кæнын, фæлæ тынг уарзын, исчи мын-иу сæ йæхæдæг цæмæй базона, уый; уый тых- хæй æмæ мын сыл бахъуыды сахат афтæмæй æнцондæр у нæ басæттын. Фæлæ мын уæддæр ды хъуамæ сæрæй бынмæ сæ су- рæт равдисай мад æмæ чызгæн. Цавæр адæймæгтæ сты? — Фыццаджыдæр, кънйазы ус у 45-аздзыд сылгоймаг,— загъта Вернер,— йæ ахсæн у тынг хорз, фæлæ йæ туг хæлд у; йæ уадултыл сырх стъæлфытæ. Йæ царды фæстаг æмбис уый арвыста Мæскуыйы æмæ уым æнцад цардæй ныддæнгæл ис. Уарзы ;цыбæлгæнæн анекдоттæ æмæ дзуры йæхæдæг дæр хат- тæй-хатт æнæфсарм ныхæстæ, йæ чызг уаты куы нæ вæййы, уæд. Раргом мын кодта уый, йæ чызг бæлоны хуызæн æнаипп кæй у, уый. Мæн цы хъуыддаг ис?.. Æз ын хъавыдтæн дзуапп дæттынмæ, дæхицæн æнцад у, уыцы хъуыддаг искæмæн зæгъы- нæй мæ ма тæрс, зæгъгæ! Кънйазы ус йæхи дзæбæх кæны æн- дыснæгæй, чызг та — хуыцау зоны, цæмæй; æз загътон сæ дыу- у^ейæн дæр, фæйнæ дыууæ агуывзæйы туагсондон суар нуазут æмæ къуыри дыууæ хатты уæхи хæццæгонд ваннæйы найут, зæгъгæ. Кънйазы ус, æнхъæлдæн, нæ сахуыр искæмæн уынаф- '214
фæ кæнын; уымæн йæ цæсты кадджын сты йæ чызджы зонд æмæ ахуырдзинад, Байроны англисаг æвзагыл чи кастис æмæ алгебрæ чи зоны: Мæскуыйы, бæрæг у, чызджытæ ахуырады- рдæм кæй аздæхтысты, уый, æмæ т’ынг хорз кæнынц,— раст зæгъгæйæ! Махмæ нæлгоймæгтæ афтæ æнæуæздан, афтæ æнæр- хъуыды сты æгасæй дæр, æмæ зондджын сылгоймагæн уыдо- нæн зæрдæмæдзæугæ, æхсызгон митæ кæнын хъуамæ уа зын. Кънйазы ус тынг уарзы лæппулæгты; кънйазы чызг та сæм куыддæр æнæрвæссон, сæрыстыр каст кæны — йæ Мæскуыйаг ахуыр кæм уадзы! Уыдон Мæскуыйы фылдæр ницы уарзынц,. дыууиссæдзаздзыд цыргъæвзаг адæймæгты æмбисæндтæм хъу- сынæй. — Æмæ ды Мæскуыйы уыдтæ, дохтыр? — О, иуцасдæр дзы акуыстон. — Дæ ныхас кæн. — Æмæ æз, æнхъæлдæн æмæ, иууылдæр загътон мæ зæгъи- нæгтæ... О! цы ма зæгъын, уый: кънйазы чызг, æнхъæлдæн, уар- зы ныхас кæнын æнкъарæнты, мондæгты æмæ æнд... ахæмты тыххæп... уый уыдис иузымæг Бетъырбухы æмæ йæ зæрдæ- мæ нæ бацыдис, тынгдæр та йæ адæм: æвæццæгæн æм уазал цæстæй ракастысты. — Ды сæм никæй федтай абон? — Куыд нæ; уыдис сæм иу адъютант, иу æлвæст гвардион æмæ цавæрдæр æхсин ног æрцæуджытæй, кънйазы усы хæстæг йæ мойырдыгæй, тынг рæсугъд, фæлæ, æнхъæлдæн æмæ, тынг рынчын... Цъайы цур ыл нæ сæмбæлдтæ? — уый у рæстæмбис бæрзонд, бурхил, раст цæсгомы ’вæрд ын, чехоткæхуыз, йæ ра- хиз русыл сау æрдзон стъæлф: нæ цæсгом мæ дисæй амардта йе ’ргомдзинадæй. — Стъæлф! — зæгъгæ, бахъуыр-хъуыр кодтон æз мæ дæн- дæгтæ ’лвæстæй.— Ау, æцæг? Дохтыр мæм æрбакастис æмæ загъта хъæлдзæгæн, йæ къух мын мæ зæрдæйыл сæвæрдта, афтæмæй: — Уый дæ зонгæ у!..— Мæ зæрдæ æцæг цавта иннæ хæттытæй тынгдæр. — Ныр дæ рад у хъæлдзæг уæвын! — загътон æз,— æрмæст æз дæуыл мæ зæрдæ дарын: ды мыл сайдæй нæ рацæудзынæ. Æз æй нырма нæма федтон, фæлæ мæ уырны, дæ портреты, ра- джы кæй уарзтон, уыцы сылгоймаджы кæй базондзынæн, уый... Мæн тыххæй йын иунæг ныхас дæр ма зæгъ: куы дæ бафæрса, уæд ын-иу мæн тыххæй æвзæры йедтæмæ мацы зæгъ. — Фод афтæ! — загъта Вернер йе уæхсчытæ фелхъивгæйæ. Уый куы ацыдис, уæд мын тасы æнтъыснæгдзинад мæ зæр- дæ æрбалхъывта. Хъысмæт та нæ баиу кодта Кавказы, æви уый барæй ардæм ссыдис, мæныл кæй сæмбæлдзæнис, уый зон- 215
тæйæ?.. æмæ æмбæлгæ дæр куыд скæндзыстæм?.. стæй, уый у æвн нæ? Ме ’нкъарæнтæ мæ никуы сайдтой. Нæй дуненыл ахæм адæймаг, æмæ ивгъуыд цард мæн хуызæн бар кæмæ дардтаид. Хъыгæй, цинæй цы федтон мæ царды мидæг, уыдонæн сæ алы •ской дæр риссаг цæф ныккæны мæнæн мæ зæрдæ æмæ та’ дзы -сласы, сцырын кæны ногæй уыцы иухуызон зæлтæ... Æз дæн æдылы сфæлдыст: ницы рох кæнын — ницы æппындæр! Фæссихор, иу-æхсæз сахатыл, æз рацыдтæн бульвармæ: уым уыдис адæмы бардз; кънйазы ус æмæ чызг бадтысты бандоныл, сæ алыварс цæлхæмбырдæй лæууыдысты фæсивæд æмæ сын, æзраздæрфæуонæй, кодтой уарзон ныхæстæ. Æз æрбынат код- тон иучысыл æддæдæр иннæ бандоныл, баурæдтон мæ дыууæ зонгæ драгуйнаг афицеры æмæ сын байдыдтон цыдæр дзурын; æвæццæгæн сæм мæ ныхæстæ худæг кастысты, уый тыххæй æмæ худгæйæ артæнхæлдтæ кодтой. Кънйазы чызджы алыварс чи уыдис, уыдонæй мæм иуæй-иу- тæ æрбакодтой цымыдис уад; стæй йæ чысылгай-чысылгай ну- .уылдæр ныууагътой æмæ мæ къордыл бафтыдысты. Æз нал æмæ нал æнцадтæн: мæ хъæлдзæг æмбисæндтæ уыдысты фырзонд- джынæй æдылы, нæ фæрсты цæугæ оригиналтыл цы фаутæ æвæрдтон, цы хынджылæг сæ кодтон, уыдон уыдысты æбуалгъ, тъæпхауæн... Æз фæхъæлдзæг кодтон адæмы суанг хурныгуыл- ды онг. Цалдæр хатты кънйазы чызг йæ мадимæ дæларм-уæ- лармхæцгæ, цавæрдæр къуылых зæронд лæг семæ, афтæмæй рацыдис мæ фæрсты; цалдæр хатты йæ цæстæнгас мæныл ам- бæлгæйæ æвдыста, йæ зæрдæ мыл кæй худы, æмæ кæй архайы йæхи афтæ равдисын, цыма мæ хъуыды дæр нæ кæны... — Цы уын дзырдта уый? — зæгъгæ, бафарста чызг, фæстæ- мæ йæм æфсæрмæй цы лæппутæ баздæхтис, уыдонæй иуы,— æвæццæгæн, тынг диссаг хабар — хæсты куыд сгуыхтис, уы- дон?..— Уыцы ныхæстæ уый загъта фаг хъæрæй æмæ, æвæццæ- гæн, барæй, мæн алхыскъ кæныны тыххæй. «А-гъа! — ахъуыды кодтон æз мæхинымæр,— дзæгъæлы мæм нæ мæсты кæныс, хорз чызг; багъæц, фæстæдæр фенай!» Грушнпцкий йæ хъахъхъæдта хъæддаг сырдау æмæ дзы йæ дæстытæ дæлæмæ нæ иста. Хæснаг кæнын, уый райсом кæй курдзæн, исчи йæ кънйазы усимæ цæмæй базонгæ кæна, уый. Уый чызгæн уыдзæнис тынг æхсызгон, уый тыххæй æмæ хъыг кæны. 16-æм майы \ Дыууæ боны дæргъы мæ хъуыддæгтæ размæ мæлæты цыд акодтой. Кънйазы чызг мæ бынтондæр йе сæфт уыны; мæнæн уадидæгæн рафæзмыдтой, уый мæн тыххæй кæй загъта, цæсты 516
хуынчъытæ чи къахы, фæлæ мæ æппæлгæ дæр чи кæны; ахæм дыууæ-æртæ эпиграммæйы. Уымæ тынг дис кæсы, æз, хорз адæ- «мыл чи сахуыр ис, йæ бетъырбухаг æмхæрæфырт чызджытимæ æмæ мадыхотимæ уымæн афтæ хæстæг чи уыднс,— æз нæ ар- хайын уый базоныныл. Мах алыбон дæр кæрæдзиуыл æмбæлæм цъайы раз, бульвары; æз архайын мæ тых-мæ бонæй, йæ хуы- цауы хай кæмæн у — æрттиваг адъютанттæ, фæлурс мæскуыйæг- тæ æмæ æндæртæ, уыдон уымæй иуварскæныныл,— æмæ мын уый кæддæриддæр æнтысы. Æз кæддæриддæр уазджытæй ме- сæфт уыдтон: ныр сæ мæ хæдзар алы бон дæр у дзаг, хæрынц. сихор, æхсæвæр, хъазынц æмæ,— гъæ-гъи! мæ шампайнаг сæн йæ гыццыл магнит цæстыты тыхыл уæлахиз кæны! Знон ыл æз сæмбæлдтæн Челаховы магазины: уый æлхæдт^ диссаджы хорз персайнаг гауыз. Чызг лæгъстæ кодта йæ мадæн* æхца ма ’вгъау кæн, зæгъгæ; уыцы гауыз ын афтæ сфидауын кæ- нид йæ кабинет, æмæ диссаг!.. Æз ыл бафыстон цыппар туманы уæлдай æмæ йæ балхæдтон; уый тыххæй æз райстон лæварæн, стыр зæрдæрухсаг агъуыддзинад кæм хъазыди, ахæм цæстæн- гас. Сихормæ ’ввахс æз нылласын кодтон барæй йæ рудзгуыты фæрсты мæ черкесаг бæхы -уыцы гауызæй æмбæрзтæй. Вернер уыцы сахатыл уыдис уыдонмæ æмæ мын дзырдта, уыцы бæхы фенд сын бынтондæр сæ зæрдæ кæй амардта, уый. Кънйазы чызг сфæнд кодта мæ ныхмæ хæст саразын; æз ма фиппайгæ дæр бакодтон, дыууæ адъютанты мын уый цур тынг хус, æнæ- бары «æгас цæуай» кæй кæнынц, уый, афтæмæп та мæм альь бон сихор фæхæрынц. Грушницкий ссис куыддæр æнахуыр; йæ къухтæ йæ спнтыл сæвæры, афтæмæй рацу-бацу кæны æмæ никæйуал зоны; йæ къах æвиппайды адзæбæх ис; чысыл зына-нæзына ма дзы чиуы. Уымæн фадат æрцыдис кънйазы усимæ ныхасы бацæуын, æмæ загъта цыдæр комплимент кънйазы чызгæн; чызг, æвæццæгæн, тынг лыстæгæй æвзарæг нæу, уый тыххæй æмæ йын уæдæй фæс- тæмæ йæ саламæн дзуапп дæтты тыиг уарзон мндбылхудтæй. — Дæу цæхгæр нæ фæнды Лиговскийтимæ кæрæдзийы базо- нын? — загъта мын уый знон. — О, цæхгæр. — Уый та куыд! Æппæтæй адджындæр хæдзар ам — хъæр- мæдоны! Ацы ран хуыздæр адæмæй чи пс, уыдон иууылдæр... — Мæ лымæн, ардыгон цы нæ у, æз уымæй дæр тынг схъыг дæн. Æмæ сæм ды вæййыс? — Нырма нæ; æз дзырдтон кънйазы усимæ ну-дыууæ хатты, æндæр нæ. Зоныс, хæдзармæ хи хъарын куыддæр апв нæу, кæд амы адæммæ уыцы ’гъдау ис, уæддæр... Æндæр хъуыддаг уаид, пъалеттæ куы дарин, уæд... 217
— Ныууадз! афтæмæй бирæ зæрдæмæдзæугæдæр дæ! Ды иæ зоныс æрмæст дæ хорз фадатæй пайда кæнын... Æмæ дæ _дæ салдаты цинел алы тæнзæрдæ чызджы цæсты дæр сгуыхт лæгæй, хъизæмаргæнæгæй куы ’вдисы... Грушницкий хирвæссон худт бакодта йæ мидбылты. — Ницæйаг ныхæстæ! — загъта уый. — Мæн уырны,— ныхас кодтон æз дарддæр,— кънйазы чызг дæ ныр дæр тынг кæй уарзы, уый. Уый ныссырх ис йæ хъусты онг æмæ йæхи ныттар кодта. О, хиуарзондзинад, дæ бонæй уай! Ды дæ, Архимед зæххы къори сисынмæ цы мæцъисæй хъавыдис, уый!.. — Дæуæн та алцыдæр хынджылæг у,— загъта уый йæхи мæстыхуызæй æвдисгæйæ,— фыццаджыдæр • у, æмæ мæ уый нырма афтæ чысыл зоны ’мæ... — Сылгоймæгтæ уарзынц, кæй нæ зонынц, æрмæст уыдон. — Æмæ йæ æз æппындæр куы нæ домын, йæ зæрдæмæ цæ- мæй цæуон, ууыл; мæн æрмæст фæнды зæрдæмæдзæугæ хæ- дзаримæ зонгæ уæвын, æмæ тынг худæг уаид, мæхицæн дзы ис- ты ныфс куы ’вæрин, уæд... Мæнæ дæхицæй цы зæгъыс, уый хи- цæн у!—сымах, бетъырбухаг сгуыхт уæлахизонтæ: æрмæст куы бакæсут, уæддæр сылгоймæгтæ æртайынц... Ды зоныс, Печорин, кънйазы чызг дæу тыххæй цы дзырдта, уый?.. — Куыд? Æмæ дын уый ныридæгæн мæн тыххæй дзырдта?.. — Фæлæ цин ма кæн. Æз куыддæр æгъдауæй бацыдтæн йе- мæ ныхасы цъайы цур, æнæ ’нхъæлгæ; йе ’ртыккаг дзырд уы- дис: «Уыцы господин чи у, афтæ æнад уæззау цæстæнгас кæ- мæн ис, уый? Уый уыдис демæ, уæд... «Уый фæсырх ис æмæ йæ, цы бон уыдис, уый зæгъын нал фæндыдис, йæ дзæбæх, йæ уарзон ми фæхъуыдыгæнгæйæ.— Цы бон уыдис, уый зæгъын дæу ницæхмæн хъæуы,— зæгъгæ, йын дзуапп радтон æз,— уый æнус- мæ дæр лæудзæнис мæ зæрдыл...— Мæ лымæн Печорин! æз .дын арфæ нæ кæнын; ды уымæ дæ фыдцæсты æвæрд... Уый хорз бæргæ нæу, уый тыххæй æмæ Мери у тынг дзæбæх!.. Цæвиттоны хъуыддагæй уый зæгъын хъæуы, æмæ Грушниц- кий уыдис ахæм адæймæгтæй æмæ, сылгоймагимæ базонгæ уæвгæйæ æмæ уымæн йæ кой кæнгæйæ, афтæ чи фæзæгъы, мæхи Мери, мæхи ЗорМе, кæд уыцы сылгоймаг, йæ амонд- мæ гæсгæ сæ зæрдæмæ фæцæуы, уæд. Æз мæхи æцæгхуыз скодтон æмæ йын дзуапп радтон: — О, æвзæр чызг нæу... Æрмæст дæхи хъахъхъæн, Грушннц- кий! Уырыссаг чызджытæ фылдæр хатт фæуарзынц æрмæст платоникон уарзтæй, мой скæныны сагъæс сæм нæ вæййы, афтæмæй; платоникон уарзтта у æппæтæй фыдæнцойдæр уарзт. Кънйазы чызг, æнхъæлдæн æмæ у, ирхæфсой йæ, зæгъгæ, чи '218
уарзы, уыцы сылгоймæгтæй; дыууæ минуты фæд-фæдыл дæ цу- ры æнкъардæй куы фæуа, уæд, бабын дæ, уый зон: де ’нцад,, æнæдзургæйæ бадт ын хъуамæ мондаг кæна йæ цымыдисдзинад„ дæ ныхас — хъуамæ æххæст, зæрдæзæгъгæ дзуапп ма куы дæт- та йæ пымыдисдзинадæн, ды йæ иу минут дæр хъуамæ æнцад ма уадзай; уый дæс хатты адæмы ’хсæн дæу тыххæй йæ фæндыл сыдæудзæн, суæлдай йæ кæндзæн æмæ йæ окæндзæн дæу буз- ныггад æмæ, уый тыххæй, цалынмæ йæ мызд фæетæмæ айса„ уæдмæ дæ мардзæнис хъизæмарæй,— стæй дын уæд æмрасг зæгъдзæн — йе сæфт дæ уыны, зæгъгæ. Афойнадыл ын йæ рох- тыл хæст куы нæ фæуай, уæд дын суанг йæ фыццаг ба дæр бар нал ратдзæнис дыккагæн; уый дæуимæ. цæстныкъулынджы- ты йæ фаг фæхъаздзæнис, иу-дыууæ азы фæстæ та æнæуынд> фыдцъылыз мой скæндзæнис нанайы зæрдæ æлхæнгæйæ, æмæ дæ æууæндын кæныныл схæцдзæнис, æнамонд у, æрмæст иунæг адæймаджы, ома, дæу уарзта, зæгъгæ, фæлæ арвы нæ бафæн- дыдис уый йемæ баиу кæнын, уый тыххæй æмæ ууыл уыдис салдаты цинел, кæд уыцы бæзджын, цъæх цинелы мидæгæц уарзæгой, бæллон уæздан зæрдæ цавта, уæддæр... Грушницкий ныццавта стъол тымбылкъухæй æмæ систа раз- мæ-фæстæмæ цæуын уаты къуымты. Æз мæхинымæры кæл-кæл кодтон æмæ ма суанг иу-дыууæ- хатты мæ мидбылты дæр бахудтæн, фæлæ мæ уып, мæ амондмæ гæсгæ, нæ фæхъуыды кодта. Æргом у, кæй йæ уарзы, уый, уын тыххæй æмæ ссис фыццагæй ноджыдæр æууæндагдæр, фæзын- дис æм æвзист сау æвæрд къухдарæн дæр, ардыгон конд: уыцы къухдарæн мæм фæкастис гуырысхойаг. Æз æй райдыдтон ра- уын-бауын кæнын, æмæ?.. лыстæг дамгъæтæй Мерийы ном къахт уыдис мидæджырдыгæй, æмæ йæ фарсмæ — уыцы ном- хæссæны агуывзæ чызг зæххæй цы бон систа, уыцы боны ны- мæц. Æз басусæг кодтон, раргом кæнын мын цы бантыстнс, уый; нæ мæ фæнды уымæй басæттындзинад фæлгъауын; мæн фæнды, уый мæ йæхæдæг куыд равзара йæхицæн æууæнкджы- нæн, сæрылдзурæгæн, уый,— гъеуæд мыл æрцæудзæн æхсызгон- дзинад, гъе!.. Абон æз сыстадтæн æрæгмæ; ссыдтæн цъаймæ — æмæ дзы ничиуал. Райдыдта æнтæф кæнын; урс хъуынджын мигътæ тагъд-тагъд лыгъдысты митджын хæхтæй тæрккъæвдапæ зæр- дæвæргæ; Машучы сæр фæздæг калдта хуыст пргсп цырагъы хуызæн; йæ алфамбылай зилдух кодтой æмæ йыл кæлмытау уæ- лæмæ хылдысты донгъуыз æврæгъы цъуппытæ, сæ тагъд уадæй урæд чи’рцыдис æмæ цыма хохæн йæ хæцæг пыхсыл ацауын- дзæг сты, уыйау чн зындис, уыдон. Уæлдæф дзаг уыдис элект- 219
рон рухсæй. Æз арф бацыдтæн, гротырдæм24 цы сæнæфсиры ас- тæувæндаг цыдис, ууыл; уыдтæн æрхæндæг. Æз сагъæс кодтон, æрдзон стъæлф цы ’взонг сылгоймаджы русыл уыдис æмæ мын дохтыр кæй тыххæй дзырдта, уый тыххæй... Уый а^м цæмæн ис? -Стæй уый у æви нæу? Стæй уый у, уый æнхъæл цæмæн дæн? Æмæ мæ уый афтæ тынг цæмæн уырны? Гæзæмæ ис, сæ рустыл æрдзон стъæлфытæ кæмæн ис, ахæм сылгоймæгтæ? — Афтæ хъуыдыгæнгæ æз бахæццæ дæн тæккæ гротмæ. Кæсын, æмæ йæ къæлæт цары сатæг аууоны, дурын бандоныл бады ус, хъæм- пын шляпæйы, сау кæлмæрзæны тыхтæй, йæ сæр йæ риуыл æруадзгæйæ; шляпæ йын æм’бæрзта йæ цæсгом. Æз фæстæмæ фæзилынмæ куыд хъавыдтæн, йæ сæнттæ йын цæмæй ма феха- лон, зæгъгæ, афтæ мæм уый фæкастис. — Верæ! — фæхъæр кодтон æз æнæбары. Уый фестъæлфтис æмæ ныффæлурс. — Æз æй зыдтон, ды ам кæй дæ, уый,— загъта Верæ. Æз æрбадтæн йæ фарсмæ æмæ йын райстон йæ къух. Ра- джы мæ чи ферох ис, уыцы рызт азгъордта мæ нуæрттыл уыцы уарзон хъæлæсы уынæрмæ; уый мын æрбакастис мæ цæстытæм йæ арф æмæ йе ’нцад цæстытæй: уыдон æвдыстой æнæууæнк- дзинад æмæ уайдзæфы хуызæн цыдæр. — Мах рагæй нал федтам кæрæдзийы,— загътон æз. — Рагæй, æмæ фендæрхуызон стæм нæ дыууæ дæр, бирæ цæмæйдæрты! — Уæдæ мæ нал уарзыс, и?.. — Æз моймæцыд дæн!..— загъта уый. — Ноджыдæр та? Æниу уыцы æфсон цалдæр азы размæ дæр уыдис, фæлæ уæддæр... Уый атыдта йæ къух мæ къухæй æмæ йæ рустæ ссыгъдысты. — Чи зоны’мæ кæд дæ дыккаг мойы уарзыс?.. Уый дзуапп нæ лæвæрдта æмæ иннæрдæм аздæхтис. — Æви гуырысхогæнæг у? Нæ дзуры. — Æмæ цы? У лæппулæг, хорз, уæлдайдæр у, æвæццæгæн, хъæздыг, æмæ ды тæрсыс...— Æз æм бакастæн æмæ дзы фæ- тарстæн: йæ цæсгом æвдыста арф ныфссастдзинад, йæ цæсты- тыл æрттывтой цæстысыгтæ. — Зæгъ мын,— фæстагмæ загъта уый æнцадæй,— тынг æх- сызгон дын у мæн удхарæй марын? Æз дæ хъуамæ ме сæфт уынон. Мах кæрæдзийы .куы зонæм, уæдæй нырмæ мын ды фы- 24 Грот — лæгæт. -220
дæбæттæй фæстæмæ ницы радтай...— Иæ хъæлæс базыр-зыр кодта, йæхи мæм æркъул кодта æм,æ йæ сæр æруагъта мæ ри- уыл. «Æвæццæгæн, ды мæн,— ахъуыды кодтон æз мæхинымæр,— уарзгæ дæр уымæн кодтай: циндзинæдтæ рох кæнынц, фæлæ æнкъарддзинæдтæ никуы...» Æз æй тынг ныхъхъæбыс кодтон, æмæ уыцыхуызæнæй бирæ баззадыстæм. Фæстагмæ нæ былтæ кæрæдзпмæ баввахс сты æмæ баиу сты судзаг, æхсызгон байы; йæ къухтæ уыдысты уазал, ихы къæртты хуызæн, йæ сæр сыгъдис. Ам не ’хсæн æрцыдпс, гæххæттыл фыстæй æппындæр чи ницы ахады, рафæз- мæн, стæй зæрдыл бадарæн дæр кæмæн нæй, ахæм ныхæстæй иу: дзырдты нысаны бæсты цæуы æмæ йæхицæй æххæст кæны- уынæрты нысан, итайлаг оперæйы куыд вæййы, афтæ. Уый æппындæр нæ фæнды, йæ моимæ, ’бульвары æхсгæ уынд цы къуылых зæронд лæджы фæкодтон, уыимæ кæрæдзийы цæ- мæй базонæм, уый: уый ,йæм ацыдис моймæ йæ фырты тыххæй. У хъæздыг æмæ рынчын у æндыснæгæй. Æз нæ саккаг кодтон мæхицæн ууыл иу хатт дæр схудын: ус æй нымайы йæ фыды хуызæн — æмæ йæ сайдзæнис, мойы куыд фæсайынц, афтæ... Диссаджы дзаума у, æвæдза, адæймаджы зæрдæ, сылгойма- джы зæрдæ та уæлдайдæр! Верæйы мой, Семен Васильевич Г...—в, у кънйаз Лиговскийы усæн йæ дард хæстæг. Уый цæры йæ фарсмæ; Верæ арæх вæй- йы кънйазы усмæ; æз ын радтон дзырд, Лиговскийтимæ базонгæ уыдзынæн æмæ кънйазы чызгыл узæлдзынæн, зæгъгæ, Верæ цæсты цæмæй нæ бафта, уый тыххæй. Уыцыхуызæнæй мæ фæнд- тæ æппындæр нæ фехæлдзысты, æмæ æз уыдзынæн хъæлдзæг... Хъæлдзæг!.. О, æз фæдæн, ахицæн кодтон мæ уды цардæн, зермæст амонд куы фæагурынц, искæй тынг æмæ бæллон уарзт кæнын кæй хъæуы, зæрдæ уый æмбудын куы бапдайы, уыцы дуг; ныр мæн æрмæст фæнды, уарзæг мæ куыд уа, фæлæ уыцы уарзджытæ бирæ куыд нæ уой, уый; мæнмæ ма афтæ дæр кæ- сы, иунæг исчи мыл æдзух æнувыд куы уаид, уæд мын уый дæр фаг уаид, зæгъгæ: ницæйаг у зæрдæйы ахæм ахуыр!.. мæгуыр у зæрдæ. Иу хъуыддаг мæм дис касти кæддæриддæр: æз уарзон сыл- гоймагæн мæхи никуы кодтон цагъайраг; уый нæ, фæлæ ма-иу сын сæ фæндон, сæ бар æмæ сæ зæрдæйыл хмæхæдæг райстон -æнæфæтасгæ, æдзудгæ бардзинад, æппындæр-пу ууыл нæ ар- хайдтон, афтæмæй. Уый цæй тыххæй афтæ уыдис? — тынг аргъ кæй никуы ннцæмæн кæнын, кæй ницæуыл ауæрдын æмæ мæ сæ къухтæй куы ауадзой, уымæй алы мпнут дæр кæй тарсты- <сты, уый тыххæй, æви уый у тыхджын организмы магпитон тæ- 2?!
ваг? æви, тыхджын зæрдæйы ахаст кæмæн уыдис, ахæм сыл- гоймагыл никуы сæмбæлдтæн? Басæттын ыл хъæуы, æз, бæгуыдæр, нæ уарзын, тыхджын зæрдæйы ахаст кæмæн ис, ахæм сылгоймæгты: уый уыдон хъуыддаг миййаг у!.. Æцæг гъеныр æрлæууыд мæ зæрдыл: иу хатт, æрмæст уыцы иу хатт уарзтон æз фидарзæрдæ сылгоймаджы, басæттын æй ни- куы бафæрæзтон... Мах ахицæн стæм знæгтæй,— уый дæр, чи зоны ’мæ фондз азы фæстæдæр куы сæмбæлдапккам, уæд æн- дæр æгъдауыл уыданд нæ ахицæн... Верæ рынчын у, тынг рынчын, кæд ыл йæхæдæг нæ сæтты, уæддæр; æз ын тæрсып, чехоткæ йыл куы уа, кæнæ Пеуге 1еп- 1е25 кæй хоиыпц, уыцы низ — уый æппындæр нæу уырыссаг низ, æмæ йын мах æвзагыл ном дæр нæй. Тæрккъæвда нæ æрæййæфта гроты мидæг æмæ нæ саха- тырдæг уæлдай уым баурæдта. Верæ мын сомытæ, æрдтæ нæ хæрын жодта, уарзын æй æви йæ нæ уарзын, ууыл, нæ мæ фарста, куы фæхицæн стæм, уæдæй фæстæмæ æндæр сылгоймæг- ты уарзтон æви нæ уарзтон, уымæй... Уый та ногæй йæхи ме ’вджид бакодта фыццаджы хуызæн æнæмæтæй,—æмæ йæ æз нæ фæсайдзынæн: уый у дунейыл иунæг сылгоймаг, асайын мæ бон кæмæн нæ бауид. Æз зонын, мах та рæхджы кæрæдзийæ фæ- хицæн уыдзыстæм, æмæ, æвæццæгæн, мыггагмæ; нæ дыууæ дæр ацæудзыстæм хицæн фæндæгтыл суанг ингæны онг; фæлæ уæддæр йæ мысынад баззайдзæнис æнæвнæлд, æнæныдзæвдæй мæ зæрдæйы мидæг — æз ын уый дзырдтон æдзухдæр, æмæ мыл уый æууæнды, кæд мын ныхмæ ныхас кæны, уæддæр. Фæстагмæ кæрæдзийæ фæхицæн стæм; æз æм бнрæ фæдард-- тон мæ цæстызул, цалынмæ йе шляпæ пыхсыты æмæ къæдзæх- ты аууон нæ фæцис, уæдмæ. Мæ зæрдæ йæхи рисгæ ’лхъывд æрбакодта, фыццаг хатт куы хицæн кодтам, уæды хуызæн. О, куыд бацин кодтон æз уыцы æнкъарæныл! Мæ лæппуйы бонтьг та ма ’рфæндæд, миййаг, сæ хæрзæгой уадтимæ мæнмæ фæстæ- мæ раздæхын, æви ай у мæ лæппудзинадæн æрмæст йæ фæстаг- фæкаст, йæ фæстаг лæвар мысынæн, нæ зонын?.. Худæг та куыд нæ у, бакæсгæйæ ма бынтон лæппу кæй дæн, уый куы ахъуыды кæнын, уæд: мæ цæсгом кæд фæлурс у, уæддæр ма у ног, лæп-- пын, ме уæнгтæ — тасаг æмæ хæрзконд; мæ сæрыхъуынтæ — бæзджын, къæбæлдзыг, мæ нæстытæ арт уадзынц, мæ туг фы- цы пæлхъ-пæлхъæй... Нæхимæ куы ’рцыдтæн, уæд абадтæн бæхыл э&мле ныххос-- тон быдырмæ; æз уарзын тæлтæг бæхыл уайын арф кæрдæджы,. Пеуге 1еп1е — адæймаджы тынг чи сихсипын кæны, ахæм тæфсæг. 222
æдзæрæг быдыры дымгæйы ныхмæ: кæрæфæй ныхъуырын æз хæрздæф уæлдæф æмæ цæвын мæ цæстытæ цъæх дардады, ми- нутæй-минутмæ æргомæй-æргомдæр чи кæны, уыцы дзауматы мигъ æндæргтæ ацахсыныл архайгæйæ. Цыфæнды маст уа зæр- дæйы, цыфæнды сагъæс фæлмæцын кæна хъуыдыты,— се ’ппæт дæр минутмæ фæпырх вæйынц; зæрдæ фæрог вæййы, уæнгты фæллад басæтты зонды тас, зонды фæдпс. Нæй ахæм сылгой- маджы цæстæнгас, æмæ, хуссайраг хур кæуыл æрттивы, уыцы къæбæлдзыг хæхтæ уынгæйæ, цъæх арв уынгæйæ, кæнæ айнæ- гæй-айнæгмæ хауæг доны хъæрмæ хъусгæйæ æз кæй нæ ферох .кæнон. Æз афтæ’нхъæл дæн, æмæ, сæ фæлгæсæн цæджындзты сæр цы хъазахъхъ зæмбыдтой, уыдон мæн бæхыл æнæхъуаджы æмæ яенæсæрфатæй уайгæ куы федтой, уæд сæ сæртæ бирæ фæсас- той уыцы диссагыл, уый тькххæй æмæ мæ, мæ дарæсмæ гæсгæ, уыдон хъуамæ хуыдтой черкес. Мæнæн бæгуы дзырдтой, черке- <:аг дарæсы уæлбæхæй æз бирæ кæсгæттæй кæсгонхуыздæр кæй дæн, уый. Æмæ, раст зæгъын хъæуы, уыцы уæздан хæстон да- рæсы æз дæн æххæст, сыгъдæг денди: иу быд дæр ыл уæлдай нæй; мæ хæзна хотыхтæ хуымæтæджы арæзт; худы уæлдзарм — нæдæр æгæр бæрзонд, нæдæр æгæр ныллæг, зæнгæйттæ æмæ дзабыртæ — раст мæхи аккаг, джиппыуагъдау, куырæт — урс, цухъхъа—тарбур. Æз бирæ фæцахуыр кодтон, бæхыл хохаг •бадт кæнын куыд хъæуы, уый; ницæмæй нс мæ зæрдæ тынгдæр ■балхæнæн, æрмæст мын зæгъ: бæхыл кавказаг бадт кæнынмæ дæсны дæ, зæгъгæ. Æз дарын цыппар бæхы: иу — мæхи, æртæ та мæ хæлæртты тыххæй, быдырты пунæгæй хæтынæй хъыг куыд нæ кæнон, уый тыххæй; уыдон мын мæ бæхты айсынц æх- •сызгонæй, фæлæ мемæ иумæ никуы фæцæуынц. Æмбисбонæй рацыдис æхсæз сахаты, сихор хæрын афон мын кæй уыд, уый мæ зæрды куы æрæфтыдис, уæд; мæ бæх уыдис æфхæрд, фæл- мæст; æз рацыдтæн, Пятигорокæй немыцы колонимæ цы фæн- даг ис, æмæ хъæрмæдопы адæм арæх еп [л^иеш^ие26 кæ - нынмæ кæдæм цæуынц, уырдæм. Фæндаг цæуы гакъон-макъон- тæй пыхсы астæуты, бæрзонд кæрдæджы бынты хъæргæнгæ цы дæттæ згъоры, уыдон чысыл мæсчъытæм хизгæйæ; алырдыгæй амфитеатрау уæлвонг лæууынц цъæх уæйгуытæ: Бешту, Кал- мы-хох, Æфсæн-хох æмæ Гæмæх-хох. Иу ахæм мæскъмæ ных- ^изгæйæ, уыцы мæсчъыты хонынц ам балкæтæ, æз ныллæууыд- тæн мæ бæхæн дон .адарынмæ; уыцы рæстæджы æрбазынди фæн- дагыл хъæлдзæг æмæ тынг арæзт барджыты бал; сылгоймæгтæ уыдысты сау æмæ арвхуыз бæхыл бадæн уæлæдарæсы, нæл- 26 Пикникмæ — (цæл) кæнынмæ. 223
гоймæгтæ черкесаг æмæ нижегородаг иумæ хæццæ дарæсты; ра- зæй цыдис Грушницкий кънйазы чызг Мериимæ. Хъæрмæдоны ма сылгоймæгты уырны, черкестæ бонсихор- афон кæй лæбурынц, уый; æмæ, æвæццæгæн, уымæ гæсгæ, Грушницкий йæ салдаты цинелы æдде æрцауыгъта æхсаргард æмæ дыууæ дамбацайы: уый уылис фаг худæг уыцы хъæбатыр дарæсы. Бæрзонд къудзи мæн аууон дардта уыдонæй; фæлæ мын йæ сыфтæрты аууонæй уæддæр алцыдæр уыдис дзæбæх уынæн æмæ сæ цæсгæмтты бакастæй бамбарæн, уарзон ныхас сæм кæй уыдис, уый. Фæстагмæ æрбаввахс сты фæуырдыггæ- нæнмæ; Грушницкий ныххæцыдис. кънйазы чызгæн йæ бæхы рохтыл, æмæ сын æз айхъуыстон сæ ныхасы кæрон: — Æмæ дæ цæрæнбонты дæр Кавказы баззайынмæ хъа- выс? — дзырдта чызг. — Æмæ мын уæдæ Уæрæсе цы у? — дзуапп радта йæ ка- валер.— Мингай адæмтæ кæм ис æмæ, мæнæй хъæздыгдæр кæй сты, уымæ гæсгæ мыл сæрыстыр кæм уыдзысты, уыцы бæстæ,— ам та, ацы ран та мæ ацы бæзджын цинел мур хъыг дæр нæ бадардта дæуимæ кæрæдзийы базонынæн... — Нæ, фæлæ ма...— загъта кънйазы чызг йæхи фæсырх кæн- гæйæ. Грушницкийы цæсгомыл рарттывта æхсызгондзинад. Уьгй дзырдта дарддæр: . — Ацы ран мæ цард аивгъуийдзæн хъæлдзæгæй, зонгæ дæр æй нæ бакæндзынæн, афтæ тагъд, хъæддаг адæмы нæмгуыты бын, æмæ ма мын хуыцау алы аз куы ’рвитпд иу рухс, сылгой- маджы цæсты фæкаст, иу уыйхуызæн... Уыцы сахат, уыдон мæ комкоммæ æрбахæццæ уæвгæйæ, æз мæ бæхы ехсæй æрцавтон æмæ къудзийы аууонæй иуварс рацыдтæн... — Моп сНеи, ип агсазз^’еп!27 — фæхъæр кодта къпйазы чызг удаистæй. Цæмæй мыл бынтон баууæндыдаид, уый тыххæй йын æз дзуапп радтон францусагау мæ сæрæй иучысыл æркузгæйæ: — Дте сга^пех пеп, тайате,— ^е пе $ш§ раз р1и$ йап^е- геих цие уо!ге сауаНег28. Чызг фефсæрмы ис; фæлæ цæмæй? йæхи рæдыдæй, æви йæм мæ дзуапп къæйных кæй фæкастис, уымæй? Мæн фæнды, а фæстаг æнхъæлд æцæг куы уанд, уып. Грушнпцкпп мæм зæр- дæхудт каст фæкодта. Изæрæй æнафоны, ома, иуæндæс сахаты уыдаид, афтæ, æз ацыдтæи тезгъо кæнынмæ бульвары сусхъæд бæлæсты алле- йыл. Горæт уыдис фыиæй, æрмæст ма иуæй-ну рудзгуытæй зын- 27 Моп сЛеи, ип С]*гса551еп!!.. — æллæх, черкес! 28 Тæрсгæ ма кæн, хорз чызг, æз дæ кавалерæй тæссагдæр иæ дæн. 224
дис рухсытæ. Æртæрдыгæй сау дардтой айнæджыты къахыртæ, Машучы къабæзтæ, йæ сæрыл та бадтис фыдбылызы мигъы цъупп; мæй сцæйцыдис скæсæнырдыгæй; дардæй æвзист хæрд- гæхаутау тæмæнтæ каддтой митсæр хæхтæ. Хъахъхъæнджыты хъæртæ рад кодтой, æхсæв уагъд чи уыдис, уыцы тæвд суадæт- ты хъæримæ. Хатгай-иу фехъуыстис уынджы бæхы къæхты хъæр æмæ та-иу спу ис ногъайаг уæрдоны хъинц æмæ тæтæй- раг æнкъард зардимæ. Æз æрбадтæн бандоныл æмæ хъуыды- йыл фæдæн... Æз æнкъардтон, мæ хъуыдытæ мын хæлары ны- хасы мидæг сæргом кæнын кæй хъæуы, уый... Фæлæ кæимæ?.. «Цымæ афонмæ Верæ цы ми кæны?..» — хъуыды кодтон æз мæ- хинымæр... бирæ бафидин æз ацы минут уый къух цæлхъивы- ныл. Æвиппайды хъусын тындзгæ æмæ хæццæ къахдзæфтæ... Сыгъдæгæй уый Грушницкий у... Æцæг у уый! — Кæцæй фæдæ? — Кънйаз Лиговскийы усæй, — загъта уый тынг хъалæй.— Уæддæр Мери куыд зары!.. — Цы, уый зоныс? — загътон ын æз,— æз хæснаг кæнын, куыд уый нæ зоны, ды юнкер дæ, уый; уый афтæ ’нхъæл у, æмæ дæуæн дæ цин ист у... — Чи зоны! Мæн цы хъуыддаг ис!..— загъта уый рохстæй. у — Нæй, уый æз æрмæст афтæ зæгъын... — Зоныс, абон æй ды тынг кæй смæсты кодтай, уый? Уый йæ хоны æнæфехъусгæ къæйныхдзинад; мæнæн тыххæй бацис мæ бон йæ баууæндын кæнын; ды хорз уагыл хъомылгонд кæй дæ æмæ адæмы уыйбæрц хорз кæй зоныс, æмæ дæ хъуыдыйы дæр кæй нæ уыдис йæ бафхæрыны фæнд; уый афтæ зæгъы, йæ каст, дам, у къæйных, йæхицæн, дам, хæрзаг стыр цыдæр æн- хъæл у. — Æмæ уый нæ рæдийы... Ды йæ сæрыл дзурынвæнд ма скæн, миййаг? — Хъыг мын у, уыцы бар лæвæрд мæм кæй нæ- ма ис, уый... «Мæхæнцъул! — ахъуыды кодтон æз,— æвæццæгæн æм ныф- сытæ ис...» — Уæвгæ, дæхицæн фыддæр,— дзырдта дарддæр Грушниц- кий,— ныр дын зын у уыдонимæ кæрæдзийы базонын,— æвгъау та уæвгæ у! уый у, зæрдæйæн адджындæр, æхсызгондæр хæ- дзæрттæй иу, æз кæй зонын, уыдонæй... Æз мæхинымæр бахудтæн. — Æппæтæй æхсызгондæр хæдзар у ныр мæнæн мæхи хæ- дзар,— загътон æз зæмбгæйæ æмæ сыстадтæн, цæуон, зæгъгæ. — Уæддæр ыл басæтт, фæсмон кæныс? 15 М. Ю. Лермонтов 225
— Æппындæр нæ! Куы мæ бафæнда, уæд тæккæ сомизæр дæр уыдзынæн æз кънйазы усмæ... — Фендзыстæм... — Уый нæ, фæлæ дæуæн æхсызгон цæмæй уа, уый тыххæй райдайдзынæн узæлæнтæ кæнын кънйазы чызгыл... — 0, кæд æй бафæнда демæ ныхас кæнын, уæд... — Æз æрмæст банхъæлмæ кæсдзынæн, дæ ныхасæй куьг схъыг уа, уыцы минуты онг... Хæрзбон!.. — Æз та уæдæ цæуын лекка кæнынмæ,— æз ныр ницæй тых- хæй уал бафынæй уыдзынæн... Æрбайхъус-ма, цæуæм фæлтау ресторацимæ, уым хъазынц... мæн хъæуы абон тыхджын æмбу- дындзинæдтæ... — Æмбылды цæмæй фæуай, уыцы амонд дæ уæд... Æз ацыдтæн мæ хæдзармæ. 21-вгм майы Рацыдис иу къуырийы бæрц, фæлæ æз уæддæр Лиговский- тимæ нæма базонгæ дæн. Æнхъæлмæ кæсын дзæбæх фадатмæ. Грушницкий, цыма йæ аууон у, уыйау цæуы кæмдæриддæр кънйазы чызджы фæстæ; сæ ныхасæн нæй кæрон: кæд дзьг схъыг уыдзæн цымæ?Мад сæ хъуыды дæр нæ кæны, уый тых- хæй æмæ Грушницкий усгур нæу. Гъеуый дын мадæлты зонд[ Æз сæм бафиппайдтон дыууæ, æртæ фæлмæн, буц фæкасты,— уымæн скæнын хъæуы кæрон. Знон цъайы цур фыццаг хатт фæзындис Верæ... Гроты куьг сæмбæлдыстæм, уæдæй фæстæмæ уый хæдзарæй æддæмæ^ йæ> къах дæр нæ равæрдта. Мах уыциу уагъд акодтам нæ агуывзæ- тæ цъайы æмæ куы ’ргуыбыр кодтам, уæд мын мæ хъусы æрба’- дзырдта: — Нæ дæ фæнды Лиговскийты базонын? Махæн æрмæст уым ис кæрæдзийы уынæн... Уайдзæф!.. æнкъарддзинад! Фæлæ мын афтæ хъæуы... — О, хæдæгай: райсом ресторацнйы залы æхсæны хардзæй уыдзæнис бал, æмæ æз кафдзынæн кънйазы чызгимæ мазуркæ~ 29-æм майы Ресторацийы зал фестадис уæздан адæмы æумбырдгæнæн бы- нат. 9 сахатмæ иууылдæр æрæмбырд сты. Кънйазы ус йæ чызги- мæ æрбацыдис æппæты фæстæ: сылгоймæгтæй йæм бирæтæ ра- кодтой хæлæг æмæ æнæцæстуарзон каст, уый тыххæн æмæ Ме- ри цæуы аив дарæсы ми^цæг. Сæхи ардыгон аристократтæй чи хоны, уыдон æм сæ хæлæгдзинад басусæг кæнгæйæ баластой сæхи. Цы чындæуа? Сылгоймæгты ’мбырд кæм уа, уым. уайтагъд 226
фæзыны уæлдæртæ’мæ дæлдæртæ. Рудзгуыты бын, адæмы дзы- гуыры ’хсæн лæууыдпс Грушницкий йæ цæсгом азгыл сæвæр- гæйæ, æмæ йæ хуыцауы хай Мерийы йæ цæстытæй цух нæ уадз- гæйæ; йæ фæрсты фæцæйцæугæйæ йын Мери зына-нæзына йæ сæрæй акуы та. Грушницкий хурау ныйирд ис... Хъазт райдыд- та полякаг кафтæй; уыйфæстæ æрцагътой вальс. Шпорæтæ сдзинг-дзинг кодтой, фаринтæ сфæйлыдтой æмæ ныззылдысты. Æз лæууыдтæн иу ставд усы фæстæ; йæ сæрыл уыдис ро- зæхуыз систæй рæсугъдтæгонд шляпæ; йæ къабайы хæмпус фæ- лыстдзинад лæууын кодта зæрдæйыл фижмты дуг, йæ дыр- къуым, дæрзæг буары хъулондзинад та — сау дари мушкæты амондджын дуг. Тæккæ стырдæр бызычъи йæ бæрзæйыл æм- бæрзт уыдис фермуарæй. Уый дзырдта йæ кавалерæн, драгуйнаг капитанæн: — Ацы Лиговскийты кънйазы чызг’ цы æнæнтыст у! Уый бахъуыды кæн, фесхуыста мæ æмæ, æгæр-мæгуыр, бахатыр кæн, зæгъгæ, дæр нæ загъта; уый нæ, фæлæ ма мæм фæстæмæ дæо фæкастис æмæ мæм фæцарæзта йæ лорнет... Сез1 1трауаЬ1е!29 Æмæ цымæ цæмæй хъал у? Йæ бон ын базонын кæнын хъæуы... — Уый тыххæй нын ницы баззайдзæнис! — дзуапп р.адта æнæзивæг капитан æмæ рацыдис иннæ уатмæ. Æз уыцы сахатыл бацыдтæн кънйазы чызгмæ æмæ дзы ра- куырдгон йемæ вальс акафыны бар, амы æгъдæуттæ æнæзон- гæ сылгоймæгтимæ дæр кафыны бар кæй дæттынц, уымæй спай- да кæнгæйæ. Уый тыххæй бафæрæзта йæ мидбылтыхудт бауромын æмæ йæ циндзинад басусæг кæнын; фæлæ уайтагъддæр фæцарæх- стис йæхиуыл фæхæцынмæ, йæхи стырзæрдæ> суанг ма мæсты- хуыз фæкæнынмæ дæр. Уый æнæрвæссон уагъд æркодта йæ къух ме уæхскыл, йæ сæр гæзæмæ æркъул кодта фæрсырдæм æмæ айстам кæрæдзийы. Нæ зонын æз уый астæуæй мондаг- дæр æмæ тасагдæр астæу! Йæ рæууо^ сьггъдæг комытæф æн- дзæвыдис мæ цæсгомыл; хатгай-иу йæ бецыкк вальсы тымыгъы йе’мбæлттæй фæхицæн уæвгæйæ фæселф кодта мæ судзаг уа- дултыл... Æз акафыдтæн æртæ æрзылды. (ДиСсаджы хорз кафы вальс). Уый байдыдта хæстулæфт кæнын, йæ цæстытæ фæтар <сты, йе ’рдæггом былтæн ма сæ бон бацис сабыргай зæгъын: «тегз1, топ51еиг»30. Иу-цалдæр минуты ахъус уæвыны фæстæ йын æз загътон, цыма йын тынг коммæгæс, лæгъстæйаг дæн, мæхи уьгйхуызæн скæнгæйæ: 29 Уый зын фæразæн у! 30 Бузныг, мсье. 227
— Æз афтæ фехъуыстон, кънйазы чызг, æмæ мæ кæд æп- пындæр нæ зоныс, уæддæр мæ ныридæгæн, ме ’намондмæ гæс- гæ, цыма разы нæ дæ... цыма мæ къæйных хоныс, уыйау... уый, цымæ, æцæг у? — Æмæ мæ хъуыдытæ афтæ цæмæй уой, уый дæ фæнды? — дзуапп радта чызг, йæ цæрдæг цæсгомыл тынг чп фидыдта, ахæм æфхæрæн былысчъил фæкæнгæйæ. — Кæд дæ мæ къæйныхдзинадмæ гæсгæ истæмæй бафхæрд- тон, уæд мын бар ратт ноджыдæр къæйныхдæрæй дæуæй хатыр- дзинад ракурынæн дæр... Æмæ, бауырнæд дæ, фæнды мæ тынг дæуæн мæ рæстдзинад равдисын, мæн тыххæй рæдингæ кæй. кодтай, уый бамбарын кæнын... — Дæуæн зын уыдзæнис уый бакæнын... — Цæмæн уæд?.. — Уымæн æмæ нæм ды нæ вæййыс, ацы кафтизæртæ та„ æвæццæгæн, арæх нæ уыдзысты. «Уый уымæ цæуы, — ахъуыды кодтон æз, — æмæ мын сæ дуæрттæ мыггагмæ дæр æхгæд сты». — Зоныс, кънйазы чызг,— загътон æз, иучысыл мæ зæрдæ худгæйæ,— никуы хъæуы æддæссон кæнын фæсмонгæнæг фыд- гæнæджы: йæ фырзæрдæсастæй уый хъуамæ дыууæ хатты фыл- дæр фыдгæнæг суа... æмæ уæд... Нæ алыварс цы адæм уыдис, уыдоны кæл-кæл æмæ сусу- бусу мæн фæстæмæ фæкæсын кодтой, æмæ мæ ныхас фæурæд- тон. Мæнæй иу-цалдæр санчъехы æддæдæр лæууыдис лæгтьг къорд; уыдоны æхсæн уыдис драгуйнаг капнтан дæр, кънйазы чызгыл хæрамæй цæуынмæ чи хъавыдпс, уый; уый уæлдай тынг разы уыдис цæмæйдæр, йæ къухтæ сæрфта кæрæдзийыл, кæл-кæлæй худтис æмæ йе ’мбæлттимæ кæрæдзимæ ныкъуылд- той сæ цæстытæ. Æвиппайды се ’хсæнæй рахицæн ис иу лæг фрачы мидæг, даргъ боцъотæ æмæ йын фыдуынд сырх цæсгом, æмæ йæ лæмæгъ, æнæныфс санчъехтæ сарæзтакомкоммæ кънйа- зы чызгмæ: уый уыдис расыг. Чызг ныфсæрмы ис. Лæг чыз- джы комкоммæ ныллæугæйæ æмæ йæ къухтæ йæ синтыл сæ- вæргæйæ тарцъæхбын цæстытæй æдзынæг ныккастис чызгмæ æмæ йæм одзырдта фæсус дискæнтæй: — Пермете... цæй, гæдымитæ цы сты!.. хонын дæ æрмæст мазуркæ кафынмæ... — Цы дæ хъæуы? — зæгъгæ, фæкодта чызг ризгæ ’хъæлæсæй, фæйнæрдæм æххуысагурæгау кæсгæйæ. Фæлæ бæллæх! Йæ мад æм уыдис дард, йæ зонгæ кавалертæй дæр йæ цуры ничи уы- днс; иунæг адъютант федта, æнхъæлдæн æмæ, цьГрцыднс, уы- дон пууылдæр, фæлæ бамбæхстис адæмьГхсæн, фыдбылызы куы бафта, уып тæссæй. 228
— Цы кæныс? — загъта расыг лæг, алыхуызон нысæнттæй йын ныфсытæ чи æвæрдта, уыцы драгуйнаг капитанмæ йæ цæст фæныкъулгæйæ.— Ау, нæ дæ фæнды? Æз та ноджыдæр мæхи- цæн кадыл нымайын дæу мазуркæ кафынмæ рахонын... Ды мын, чп зоны, æмæ расыг æнхъæл дæ? Уый хабар дæр нæу!.. Бирæ уæгъдибардæр у афтæмæй, баууæвд мыл... Æз федтон, чызджы фыртæссæй æмæ фырмæстæй бауадзыг- мæ бирæ кæй нал хъуыдис, уый. Æз бацыдтæн расыг лæгмæ, йæ къухыл ын фидар ныххæ- цыдтæн, ба,кастæн ын æдзынæг йæ цæстытæм æмæ йын загътон, дæхи айс, зæгъгæ, уый тыххæй æмæ, зæгъын, кънйазы чызг мæнæн мазуркæ кафынæй зæрдæ раджы сæвæрдта. — Цæй, амал нæй!.. Æндæр хатт! — загъта *уый, йæхæдæг бахудтис æмæ ацыдис йе’мбæлттæм; уыдон фефсæрмы сты æмæ йæ уайтагъд иннæ уатмæ ахуыдтой. Æз райстон чызгæй лæварæн арф, рæсугъд цæстæнгас. Кънйазы чызг бацыдис йæ мадмæ æмæ йын радзырдта ха- бæрттæ иууылдæр: уый мæ ссардта адæмы ’хеæн æмæ мын рай- дыта арфæтæ кæнын. Уый мын радзырдта, мæ мады кæй зыдта æмæ м.æ мадыхотæй иу-æхсæзимæ хæларæй кæй цардис, уый. — Æз нæ зонын, цæмæн афтæ рауадис, ныронг дæуимæ зонгæ цæуылнæ стæм, уый,— бафтыдта кънйазы ус йæ ныхæс- тыл. — Фæлæ басæтт, аххосджын ам иунæг ды кæй дæ, ууыл; ды æмуд куы никæмæ цæуыс æппындæр, уæд уый цыхуызæн хъуыддаг у? Ныфс мæ ис, мæ уазæгдоны уæлдæф дын дæ æр- хæндæгдзпнад кæй фæсурдзæннс, уымæй... Раст нæ зæгъын? Æз ын загътон, мæ раны фæуæвгæйæ алкæмæ дæр ахæм рæстæгмæ æвæрæны цы ныхæстæ хъуамæ уа, уыдонæй иу. Кадрильтæ ныйисты æнахуыр даргъ. Фæстагмæ ацагътой мазуркæ; мах кънйазы чызгимæ æрбад- тыстæм. Æз иу хатт дæр не скодтон, æфсонæй дæр, нæдæр расыг лæ- джы кой, нæдæр, фыццаг мæхи куыд дардтон, уый кой, нæдæр Грушницкийы кой. Æнæзæрдæмæдзæугæ хъуыддаг дзы цы маст бауагъта, уый чысылгай-чысылгай фæпырх ис, ферох ис; кънйа- зы чызджы цæсгом йæ хуыз скалдта, сæрттывта; уый кодта тынг дзæбæх хъазæн ныхæстæ; йæ ныхас уыдис цыргъ, худæг, кæд аразгæ ныхасыл нæ архайдта, уæддæр, цырд, æдзæстхиз; йæ фиппайæн ныхæстæ вæййынц иуæп-иу хатт арф, зондджын... Æз ын тынг хылы-мылы ныхасæй бамбарын кодтон, рагæй мæ зæрдæмæ кæй цæуы, уый. Уый йæ сæр æруагъта дæлæмæ æмæ цъус фæсырх ис. — Ды дæ диссаджы адæймаг! — загъта уый, стæй м.æм 229
йæ фæлмæн хъæдабæхуыз цæстытæй скæсгæйæ æнæбары ба- худтис. — Мæн нæ фæндыдис дæуимæ кæрæдзийы базонын,— дзырд- тон æз дарддæр,— уый тыххæй æмæ дæ алыварс ис, аргъ дын чи кæны, уыдонæй æгæр бæзджын дзыгуыр, æмæ æз тарстæн уыцы дзыгуыры бынтон фесæфынæй. — Дзæгъæлы тарстæ! Уыдон иууылдæр сты тынг æнкъард адæм... — Иууылдæр! Ау, æцæг иууылдæр? Чызг мæм æдзынæг æрбакастис, цыма йæ зæрдыл исты æр- лæууын кæнынмæ хъавыдис, уыйау, стæй та зына-нæзына фæ- сырх ис æмæ фæстагмæ загъта хъæбæрæй: иууылдæр! — Мæ хæлар Грушницкий дæр? — Æмæ уый дæ хæлар у? — загъта чызг куыддæр гуырыс- хогæнæгау. — О. — Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, нæй æнкъард адæмы хыгъды... — Фæлæ æнамондты хыгъды,— загътон æз худгæйæ. — Ай-гъай! Æмæ дæм худæг кæсы? Мæн фæнды, ды уый бынаты куы уаис, уый... — Æмæ цы? æз кæддæр мæхæдæг дæр уыдтæн юнкер, æмæ, раст дын зæгъон, гъеуый уыдис мæ цардæн йæ тæккæ хуыздæр рæстæг! — Ау, æмæ уый юнкер у?..— загъта тагъдгомау, стæй баф- тыдта,— уæдæ йын æз та æнхъæл уыдтæн... — Цы’нхъæл уыдтæ?.. — Ницы!.. Уыцы сылгоймаг чи у? Ацы ран ныхас йæ арæзт аивта, æмæ йæм фæстæмæ нал раздæхтæл. Уалынмæ мазуркæ фæцис, æмæ мах кæрæдзийы ныууагътам феныны онг. Сылгоймæгтæ фæйнæрдæм фæцыдысты... Æз ацыд- тæн æхсæвæр хæрынмæ æмæ сæмбæлдтæн Вернерыл. — А-гъа! — загъта уый,— кæсут-ма уымæ! Куы нæ дæ фæн- дыдис кънйазы чызджы базонын, цалынмæ йæ æргом адзалæй фервæзын кодтаис, уæдмæ. — Æз хуыздæр бакодтон,— зæгьгæ, йын дзуапп радтон æз,— фервæзын æй кодтон уадзыг фæуынæй кафтизæры!.. — Уый та куыд? Радзур-ма йæ! — Нæ, дæхæдæг æй базон,— ды цы нæ базондзынæ, дуне- йыл ахæмæй куы ницы ис! I 30-æм майы Изæры авд сахатмæ ’ввахс æз тезгъо кодтон бульвары. 230
Грушницкий мæ дардæй ауыдта æмæ мæм æрбацыдис: цавæр- дæр худæджы циндзинад хъазыдис йæ цæстыты. Уый мын тынг цæлхъывта мæ къух æмæ загъта æнтъыснæг тыхст хъæлæсæй: —^ Бузныг дæ дæн, Печорин... Æмбарыс мæ? — Нæ, ницы дæ æмбарын; фæлæ уæддæр бузныг аккаг нæ дæн,— дзуапп радтон æз арфæйаг хъуыддагæй мæхимæ ницы зонгæйæ. — Куыд? Æмæ знон та? Ферох дæ ис?.. Мери мын сæ иу- уылдæр радзырдта... — Ау, æмæ уын ныр алцыдæр иумæйаг ссис? Уæ арфæдзи- над дæр? — Æрбайхъус-ма,— загъта Грушницкий йæхиуыл тынг æр- вæсгæйæ,— дæ хорзæхæй, мæ уарзондзинад мын хынджылæггаг ма кæн, кæд дæ мемæ лымæнæй баззайын фæнды, уæд. Уыныс! Æз æй уарзын æнæкæрон... æмæ æз æнхъæл дæн, мæ зæрдæ дарын, уый дæр мæ афтæ кæй уарзы... Дæумæ мæм ис курдиат: ды уыдзынæ уыдонмæ абон изæрæй; дзырд мын ратт, алцæмæ дæр дæ цæст кæй дардзынæ: æз зонын — ахæм хъуыддæгты ды фæлтæрд кæй дæ, уый, ды мæнæй хуыздæр зоныс сылгоймæг- ты... О сылгоймæгтæ, сылгоймæгтæ! Цымæ сæ чи бамбардзæ- нис? Сæ мидбылхудт дзуры сæ цæстæнгасы ныхмæ, сæ ныхæстæ æвæрынц зæрдæ, сидынц сæхимæ, сæ хъæлæсы зыланг та фæс- тæмæ схойы, былтæ къуыры... Уæд вæййы, æмæ минутмæ бам- барынц æмæ ацахсынц махæн нæ тæккæ арфдæр, сусæгдæр хъуыды, уæд та æргомдæр койтæ æмæ уадзырæттæ дæр нал фембарынц... Мæнæ зæгъæм ныр кънйазы чызгæй: знон йæ цæс- тытæ фыруарзтæй цъæх пиллон уагътой мæнмæ кæсгæйæ, абон та тар æмæ уазалæй лæууынц... — Уый, чи зоны æмæ, хъæрмæдоны тæфаг уа,—дзуапп ын радтон æз. — Ды алцæм дæр уыныс æвзæрдзинад... материалист! — загъта Грушницкий æнæрвæосонæй.— Æниу, цæй æмæ матери аивæм...— æмæ йе ’взæр каламбурæй разы уæвгæйæ схъæлдзæг ис. Фарæстæм сахатыл мах ацыдыстæм кънйазы усмæ. Верæйы рудзгуыты фæрсты фæцæйцæугæйæ йæ æз ауыд- тон рудзынджы цур. Мах фæкодтам кæрæдзимæ æхсгæ каст. Уый мах фæстæ уайтагъд æрбацыдис Лиговскийты уазæгдонмæ. Кънйазы ус мæ бавдыста уымæн, куыд йæ хæстæгæн. Цымдтам цай; уазджытæ сæм уыднс бирæ; ныхас уыдис иумæйаг. Æз мæ уды быцъынæг скъуыдтон кънйазы усы зæрдæмæ бацæуыныл, кодтон хъазæн ныхæстæ, цалдæр хатты йæ зæрдиагæй фæхудын кодтон; кънйазы чызджы дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ фæнды- дис ахудын, фæлæ уый хæцыд йæхнуыл, цыхуызы, цы ролы ба- 231
цыдис, уымæй куыд нæ фæцух уыдаид, уый тыххæй: уый афтæ ’нхъæл у, æмæ йыл æнкъардхуыз фидауы — æмæ, чи зоны, нæ рæдийы. Грушницкий, æнхъæлдæн, тынг цин кæны, мæ хъæл- дзæгдзинад кънйазы чызгмæ кæй нæ хъары, ууыл. Цайы фæстæ иууылдæр ацыдыстæм залмæ. — Дæ коммæ кæй бакастæн, уымæй мæ разы нæ дæ, Ве- рæ? — загътон æз йæ фæрсты фæцæйцæугæйæ. Уый мæм æрбакастис уарзон æмæ бузныг цæстæнгасæй. Æз сахуыр дæн ныр уыцы цæстæнгæстыл; фæлæ кæддæр уыдон уыдысты мæ циндзинад. Кънйазы ус æрбадын кодта йæ чызджы фортепианойы фарсмæ, иууылдæр дзы куырдтой, исты нын азар, зæгъгæ; æз мæхи ныхъхъус кодтон æмæ дзолгъо-молгъойæ спай- да кæнгæйæ Верæимæ райстон мæхи рудзынджы цурмæ. Уый мын зæгъинаг уыдис, нæ дыууæйæн дæр тынг стыр хъуыддаг чи уыдис, ахæм цыдæр... Фæлæ рацæй-рабон, æмæ ахæмæй ницы... Кънйазы чызгæн хъыг уыдис, рохуаты йæ кæй ныууагътон, уый, йæ мæстыгæр æрттиваг цæсты фæкастæй йын бамбарæн куыд уыди-с, афтæмæй... О, æз æмбисонды хорз æмбарын уыцы æгомыг ныхас, æргом, цыбыр, фæлæ тыхджын ныхас! Мер.и ныззарыдис: йæ хъæлæс æвзæр нæу, фæлæ заргæ хорз нæ кæны... уæвгæ йæм æз нæ хъуыстон. Фæлæ уыйхыгъд Груш- ницкий йæ комкоммæ роялыл йæ рæмбыныкъæдзæй æрæнцай- гæйæ хордта чызджы йæ цæстытæй æмæ минутæй-минутмæ дзырдта æрдæгхъæлæсæй: «СЬагтап!! ёеНсеих!»31 — Æрбайхъус-ма,— дзырдта мын Верæ,— нæ мæ фæнды, мæ моимæ цæмæй базонгæ уай, уый, фæлæ ды, цы амал ис, уымæй хъуамæ фæцæуай кънйазы усы зæрдæмæ; дæуæн уый æнцон кæнæн у, цы дæ бафæнда, æмæ цы нæ бакæндзынæ. Мах æрмæст ацы ран уындзыстæм нæрæдзийы... — Æрмæст?.. Уый фæсырх ис æмæ йæ ныхас кодта дарддæр: — Ды зоныс, æз дæ цагъар кæй дæн, уый, æз никуы фæрæзтон дæ ныхасыл дыууæ зæгъын... æмæ уый тыххæй æз уыдзынæн æфхæрд: нал мæ уарздзынæ! Æппынфæстаг, мæн фæнды мæ иом, мæ кад бахъахъхъæнын... мæхи тыххæй нæ, ды уый тынг хорз зоныс!.. Курын дæ, ма мæ мар хъизæмарæй æмæ æфсоны уазалдзина- дæй: æз, чи зоны ’мæ, тагъд амæлон; æз æмбарын, бонæй-бон æдыхдæр, лæмæгъдæр кæй кæнын, уый... æмæ уæддæр нæ фæ- разын фидæн царды мæт кæнын, æз тыхсын æрмæст дæуыл... Сымах, нæлгоймæгтæ, не ’мбарут цæстæнгасы, къухы райсты ад,* æхсызгондзинад... фæлæ æз, сомы дын кæнын, æз дæ хъæлæс Дзæбæх! иттæг рæсугъд! 232
хьусгæйæ ахæм арф, æнæкæрон æнахуыр æхсызгондзинад -фем- будын, æмæ цыфæнды судзгæ, тæвд батæ дæр сæ цуры ницы сты. Уалынмæ кънйазы чызг Мери ’банцадис йæ зарынæй. Æппæл- ды хор-хор стынг ис алырдыгæй, æз æм бацыдтæн æппæты фæс- тæ æмæ йын сæрыстыргомауæй цыдæр загътон йæ хъæлæсы тыххæй. Уый йæхи фæбылысчъил кодта дæллаг был феддæдæр кæн- гæйæ æмæ æркодта тынг æнæрвæссон худæндзаст бадт. — Уый мæнæн уæлдай æхсызгондæр уымæн у,— загъта чызг,— æмæ мæм æппындæр хъусгæ кæй нæ кодтай; фæлæ, чи зоны, ды музыкæ нæ уарзыс?.. — Куыд нæ... уæлдайдæр фæссихор. — Грушницкий раст у, афтæ кæй зæгъы: дæумæ хæрзхуы- мæтæг — прозаикон æмбудæн ис... æмæ æз уынын, музыкæ ды æрмæст цæлы охмæ кæй уарзыс, уый... — Рæдийгæ та кæныс: æз æппындæр цæлуарзаг нæ дæн: мæнæн тынг æвзæр ахсæн нс. Фæлæ музыкæ фæссихор хуыссæг æфтауы, фæссихор хуыссын та у пайда, æнæнизы хос,— гъемæ æз уарзын музыкæ æнæниздзинады охмæ. Изæрæй та æндæр хъуыддаг у, изæрæй мын мæ нуæрттæ æгæр хъыг дары: куы дзы æгæр æнкъард кæнын, куы та æгæр хьæлдзæг. Фырхъæл- дзæг æмæ фырæнкъардæй та адæймаг фæлмæцгæ кæны, уæл- дайдæр сын бæрæг сæр куы нæ вæййы, уæд; стæй уымæй æд- дæмæ дæр адæмы ’хсæн æнкъардæй бадын аипп у, фырхъæл- дзæг та у æнаив, æвидауц хъуыддаг... Мери мæ ныхасы фæуынмæ нал фæкастис, ацыдис иуварс, æрбадтис Грушнпцкийы цур æмæ райдыдта йемæ цыдæр зæр- дæ ’нтъыснæггæнæн ныхас: æнхъæлдæн æмæ йын чызг лæвæрд- та йæ зондджын ныхæстæн дзуапп фаг рохстæй æмæ дæлдзæф- уæлдзæфæй, кæд æм, цыма зæрдиагæй хъуыста, йæхи афтæ дардта, уæддæр, уый тыххæй æмæ йæм Грушницкий хаттæй- хатт кастис дисгæнгæйæ, йæ тарст цæстæнгасæй бæрæг чи уы- дис, уыцы хъуырмæдзинад цæй тыххæй у, уый бамбарыныл ар- хайгæйæ... Фæлæ нæ, бамбæрстон дæ, хорз кънйазы чызг, дæхи хъахъ- хъæн! Дæу фæнды мæн дæр уыцы барæнæй сбарын, ’мæ хиуар- зондзинад фæрæхойын,— уый дын нæ бантысдзæнис! æмæ мемæ тохыл куы суай, уæд уый зон, уыдзынæн æнæхатыр! Кафтизæры дæргъы æз иукъорд хатты афæлвæрдтон барæй сæ ныхасмæ дзырдæппарæн акæнын, фæлæ Мерн куы ницы бæ- рæг дардта йæ хъус мæ ныхæстæм, уæд æз дæр цæстмæ мæхи æфхæрдхуыз скæнгæйæ ацыдтæн фæстагмæ уыдонæй иуварс. Мери уыдис иттæг разы йæхицæй; Грушнпцкий дæр афтæ. Цин 233
уал кæнут, мæ лымæнтæ, гъæй зæгъут... фæлæ бирæ нæ фæцин5 кæндзыстут!.. Ныр куыд? æз халонау ме уæны кæсын... Сыл- гоймагимæ базонгæ уон, зæгъгæ-иу куы сфæнд кодтон, уæд-иу æз кæддæриддæр æнæрæдыдæй зыдтон, уарздзæн мæ æви нæ уарздзæн, уый... Изæрæн йæ иннæ ’мбис æз арвыстон Верæйы фарсмæ бад- гæйæ, æмæ мæ фаг фæныхас кодтон йемæ нæ рагон миты тых- хæй... Цæмæн мæ афтæ уарзы, уымæн, раст зæгъгæйæ, ницы зонын! Уæлдайдæр уымæн, æмæ уый у, мæ лыстæг аиппытимæ æмæ æвзæр мондагдзинæдтимæ мæн сæрæй бынмæ чи бамбæр- ста, иунæг ахæм сылгоймаг... Ау, цымæ æвзæрдзинад афтæ зæрдæмæдзæугæ, афтæ химæласаг у?.. Мах рацыдыстæм Грушницкиимæ иумæ, уынджы мыл дæ- ларм хæст ныккодта æмæ æнæдзургæйæ бирæ куы фæцыды- стæм, уæд мын загъта: — Гъы, цы зæгъыс? «Æдылы дæ», зæгъгæ, йын зæгъын мæ зæрды уыдис, фæлæ мæхи ныуурæдтон æмæ æрмæст ме уæхсчытæ фелхъывтон. 6-æм июны Ацы бонты дæргъы æз иу хатт дæр мæ уагæй нæ фæцух дæн. Кънйазы чызджы зæрдæмæ байдыдта цæуын мæ ныхас; æз ын радзырдтон, мæ цæрæнбонты мыл цы ’нахуыр, цы диссаг ха- бæрттæ æрцыдис, уыдонæй иуæй-иутæ, æмæ йæм уæдæй фæстæ- мæ цыдæр æвирхъау адæймаг кæсын байдыдтон. Дунейыл цы- дæриддæр ис, алцæуыл дæр æз худгæ кæнын, уæлдайдæр та адæймаджы æнкъарæнтыл; уыцы хъуыддаг дзы тас уадзын байдыдта. Уый мæ цуры нæ уæнды Грушницкиимæ зæрдæрæв- дауæн дæргъæлвæс ныхасы цæуын æмæ пын ныридæгæн иу- цалдæр хатты йæ ныхæстæн æмæ йæ митæн дзуапп радта бы- лысчъил худтæй; фæлæ йæм Грушницкий фæцæуы, зæгъгæ, аф- тæ æз алыхатт дæр сабыр, æнæсæрыстырхуыз скæнын мæхи æмæ ныууадзын сæ дыууæйы иунæгæй; афтæ кæй кодтон, уый йын фьщцаг хатт уыдис æхсызгон, кæнæ та архайдта йæхи аф- тæ æвдисыныл; дыккаг хатт мæм смæсты ис, æртыккаг хатт та смæсты ис Грушницкиймæ. — Дæумæ тынг чысыл ис хиуарзондзинад! — загъта мын знон.— Афтæ ’нхъæл цæмæн дæ, æмæ мæнæн Грушницкиимæ хъæлдзæгдæр у? Æз ын загътон, ме ’хсызгоцдзинады хай æз нывонд кæнын мæ хæлары амондæн... — Стæй ма ме ’хсызгондзинады хай дæр,—сдзырдта чызг. Æз æм æдзынæг бакастæн æмæ мæхи фæмæстыхуыз кодтон. 234
Стæй æгас бон-изæрмæ йемæ иу ныхас дæр нал скодтон... Изæрæй уый уыдис æнкъард, абон райсом цъайы цур та но- джыдæр æнкъарддæр. Æз æм куы бацыдтæн, уæд уый рохс- тæй лæууыдис æмæ хъуыста Грушницкийы ныхæетæм; уый, æн- хъæлдæн, æппæлыд æмæ дис кодта æрдзы рæсугъддзинадыл, фæлæ чызг, куыддæр мæн ауыдта, афтæ райдыдта кæл-кæлæй худын (æппындæр ницæмæн хъуыдис), йæхæдæг, цыма мæ хъуыды дæр нæ кæны, йæхи афтæ скодта. Æз мæхи дарддæр раластон æмæ йæм мæ цæстызул дарын байдыдтон: уый йе ’мныхасгæнæгæй йæхи иннæрдæм аздæхта æмæ ныззæмбыдта дыууæ хатты. Æнæмæнг, сфæлмæцыдис Грушницкийæ. Ноджы- дæр ма дыууæ боны йемæ нæ дзурдзынæн. 11-æм июны Æз мæхи арæх афæрсын, цымæ цæмæн афтæ иузæрдионæй, къæйныхæй архайын æз, фæсайын мæ кæй нæ фæнды, кургæ кæй никуы ракæндзынæн, уыцы æвзонг чызг мæ цæмæй уарза, ууыл? Цæмæн хъæуынц мæн сылгоймаджы уыцы зæрдæхалæн митæ? — Верæ мæ уарзы, кънйазы чызг Мери мæ искуы цас уарздзæн, уымæй фылдæр; æнæбасæтгæ рæсугъд сылгоймаг мæм куы кæсид Мери, уæд ма, чи зоны æмæ, мæ тыхтæ афæлвары- ны тыххæй фæразæнгард уаин... Фæлæ æппындæр афтæ нæу! Уæдæ хмæ уарзондзинад ахæм тентекк, ахæм фыдæнцой уарзондзинад нæу, æмæ, мах нæ лæп- пуйы фыццаг азты дæргъы фыдæбонæй чи фæмары, йæ сæфт нæ чи фæуыны, ахæм еылгоймаг цалынмæ ссарæм, уæдмæ нæ иу сылгоймагæй иннæмæ раппар-баппар чи фæкæны: махæн ацы ран райдайы нæ иудадзыгон æнувыддзинад, ныллæууæм нæ фæстаг зондыл — райдайы не ’цæг, не ’нæкæрон мондагдзи- над, математикон æгъдауæй стъæлфæй тыгъдæгмæ цы хахх цæуы, уымæй равдисæн кæмæн ис, уый; уыцы æнæкæрондзина- дæн йæ сусæгдзинад æрмæст уый у, æмæ адæймаг цæмæ фæ- дъавы, уымæн къухы бафтæн, ома, æнæкæрондзинадæн йæ кæ- рон ссарæн кæй нæй. Уæдæ ма цæй тыххæй у мæ цоппай? — Грушницкиймæ з;æлæг кæныны тыххæй? 0, мæгуырæг! Æмæ уый хæлæггæнинаг ак- каг дæр куы нæ у æппындæр. Æви адæпмаджы зæрдæйы цы "’взæр, фæлæ æнæбасæтгæ тæваг ис, ома — хæстæг нæм цы «адæймаг у, уый куы фæрæдийы æмæ йæ цæуыл уырнын хъæуы, адæргæй нæ уымæй куы фæфæрсы, уæд нæ æхсызгонæй уымæн .ахæм дзуапп чи дæттын кæны, уый у: — Мæ хæлар, дæ раны æз дæр уыдтæн! фæлæ ныр уыныс, æз хæрын сихор, æхсæвæр, хуыссын тынг æнцад æмæ, æнхъæл- дæн, æнæ хъæр, æнæ цæстысыгæй амæлын дæр базондзынæн! 235.
Афтæмæй та куыд æхсызгон у лæппын, цъус чи райхæлы^ ахæм удыл фæхæст уæвын, уымæн хицауиуæг кæнын! Уый у дидинæджы уавæрæн, йæ ахъаззагдæр тæф хуры фыццаг тыны размæ кæмæн сивгъуийы; уый ратонын хъæуы уыцы минутыл, æмæ йæ, фаг æм фесмудгæйæ, фæндагыл аппарын: исчи йæ кæд сисид, зæгъгæ. Æз æмбудын мæхимæ уыцы æнæфсис кæрæф, йæ фæндагыл цы ары, уыдон иууылдæр ныхъуыргæ чи кæны; æз кæсын иннæ адæмы зындзинæдтæм æмæ циндзинæдтæм æр- мæст мæхи пайдайы цæстæй, удæнцойы хос мын цас сты, уый цæстæй. Мæхицæн мæ бон нал у мондагдзинады тæфæй æрра кæнын; цы кадуарзындзцнад мæм уыдис, уый мын мæ фадæттæ ныссаета, фæлæ йæхи равдыста уый æндæр хуызы, уый тыххæй æмæ кадуарзындзинад у искæуыл хпцауад кæнынмæ бæллын, мæнæн та мæ æхсызгондæр хъуыддаг у — мæ алыварс цыдæ- риддæр ис, уыдон иууылдæр мæ армы дарын, уыдонæн уынаф- фæ кæнын; искæмæн хи уарзын кæнын, искæйы хиуыл иузæр- дион кæнын æмæ искæй тас уадзын хицауадæн йæ фыццагдæр нысан æмæ йе стырдæр уæлахиздзинад нæу, миййаг? Искæмæн хъиамæтты мæгуирад æмæ циндзинæдты хос у, æппындæр дæм уымæ мацы бар уæд, афтæмæй — нæ хъалдзинадæн уый йæ ад- джындæр цæл, йæ хуыздæр минас нæу, миййаг? Уæд амонд та цы у? Æфсæст хъалдзинад. Дунейыл чи ис, уыдонæн се ’ппæ- тæй хуыздæр, домбайдæр куы хонин мæхи, уæд æз уаин амонд- джын; адæм мæ иууылдæр куы уарзиккой, уæд æз ссарин мæхи- мæ уарзондзинады æвидийгæ суадæттæ. Хæрамдзинадæй æвзæры хæрамдзинад; фыццаг рыст æмбарын кæны, иннæйы хъизæма- рæй марын цас æхсызгон у, уый; хæрамдзинады идейæйæн адæймаджы сæры бацæуæн нæй, искæмæн фыдбылыз саразын йæ зæрды нæ уæвгæйæ; идейæтæ сты органикон сфæлдисонтæ, загъта чидæр: сæ райгуырд сын йæхæдæг дæтты формæ, æмæ уыцы формæ у архайд, бавнæлд; йæ сæры фылдæр идейæтæ кæмæн сæвзæрдис, уый иннæтæй фылдæр архайы; афтæ кæй у, уымæ гæсгæ чиновничы стъолмæ фидаргонд гений хъуамæ кæ- нæ мæлгæ акæна, кæннод та æрра суа, домбай буары хицау адæймагæн бадгæ æмæ хæрзуаг цард кæнгæйæ туг йæ сæры куыд фæбады, æмæ куыд амæлы, афтæ. Мондагдзинæдтæ дæр сты, идейæтæ сæ фыццаг рæзгæйæ цы вæййынц, раст гъеуый: уыдон зæрдæмæ вæййынц йе ’взонджы заманы; æмæ йæ цæргæ-цæрæнбонты уыдон пæ зæрдæйы уы- лæнтæ кæндзысты, зæгъгæ, æнхъæл чи у, уый у æдылы адæймаг: бирæ æнцад цæугæдæттæ райдайынц æрра, хъæргæнаг æхсæр- дзæнтæй, æмæ дзы иу дæр уыцы агъуд æмæ фынккалгæйæ нæ хæццæ кæны суанг денджызы онг. Фæлæ уыцы æнцаддзинад арæх вæййы стыр, дом.бай, фæлæ æмбæхст тыхы нысан; æнкъа- 236
рæнты æмæ хъуыдыты дзагдзинад æмæ арфдзинад нæ уадзы æрра футтытæ, сонт митæ кæнын; уд хъизæмар кæнгæйæ æмæ адджын цард кæнгæйæ йæхицæн фæдæтты карз дзуапп æмæ йæ бауырны, афтæ хъуамæ кæй уа, уый; уый зоны, æнæ тæрк- къæвдатæ йæм æдзух хуры ’нтæф куы окæса, уæд кæй бахус уыдзæнис, уый; уый свæййы æрмæст йæхи цардыл — рæвдауы æмæ æфхæры йæхи уарзон сывæллонау. Æрмæст гъеуыцы бæр- зонддæр хизонындзинады фæрцы адæймаг фæразы аргъ кæнын хуыцауы раст тæрхондзинадæн. Ацы фарс ногæй кæсгæнæ æз уынын, кæй адард дæн мæ иыхасы сæрæй, уый... Фæлæ цы чындæуа?.. Ацы журнал æз фыс- 'Сын мæхицæн æмæ дзы уымæ гæсгæ цыдæриддæр баппарон, уый мын искæд уыдзæнис зынаргъ мысинаг. Æрбацыди Грушницкий æмæ ме’фцэаджы ныттыхсти,— скод- той йæ афицер. Мах бануæзтам шампайнаг сæн. Дохтыр Вер- нер æрбацыдис йæ фæстæ. — Æз дын арфæ нæ кæнын,— загъта уый Грушницкийæн. — Цæуылнæ уæд? — Уый тыххæй æмæ дыл салдаты цинел тынг хорз фидауы; æмæ дын, басæтт ыл, ам, хъæрмæдоны цы фистæг æфсæддон мундир бахуийой, уый дын æппындæр ницы фидауцдзинады хос у... Цæвиттоны хъуыддагæй ды ныронг уыдтæ иунæг, дæ дарæсы хуызæн никæуыл уыдис, фæлæ ныр иннæтимæ уыцы иу джиппы ауайдзынæ. — Дзур уал, дзур, дохтыр! уæддæр мæ цин кæнынæй нæ бауромдзынæ. Уый нæ зоны,— æрбадзырдта мын Грушницкий мæ хъусы,— цас ныфс мын радтой ацы пъалеттæ, уый... О пъа- леттæ, пъалеттæ! уе стъалытæ — фæндагамонæг стъалытæ... Нæ, ныр æз дæн бынтон амондджын. — Цæуыс немæ тезгъо кæнынмæ лæгæтырдæм?—бафарстон æп æз. — Æз? — ницæй тыххæй равдисдзынæн мæхи кънйазы чызг- мæ, цалынм’æ мæ мунднр не сцæттæ уа, уæдмæ. — Радзурон ын дæ циндзинады хабар? — Нæ, табуафси, ма йын зæгъ... Дис куыд фæкæна, æз ын афтæ бакæнынмæ хъавын... — Зæгъ-ма мын уæддæр, дæ хъуыддæгтæ пемæ куыд цæ- уынц? Уый фефсæрмы ис æмæ хъуыдыйыл фæцис: уый фæндыдис йæхицæй раппæлын, гæдыныхæстæ ракæнын,— фæлæ йæ цæс- том нæ хъæцыдис, æцæг циу, ууыл басæттын та йæм худинаг "кастис. — Куыд æнхъæл дæ, уарзы дæ Мерп æви нæ?.. 237
— Уарзы мæ? Дæ хорзæхæй, Печорин, цавæр зондыл хæсг дæ!.. Афтæ тагъд уанцон нæу? Стæй мæ кæд уарзы, уæддæр< æгъдауджын сылгоймаг уый не схъæр кæндзæнис... — Хорз! Æмæ уæдæ, æвæццæгæн, дæуырдыгонау æгъдау- джын адæймаг дæр йæ бæллондзинад хъуамæ сусæг кæна? — Ехх, æфсымæр! алцæмæн дæр уаг ис, бирæ цыдæртæ- дзургæ не сты, фæсномыгæй сæ æмбарын хъæуы... — Уый раст у... Æрмæст, еылгоймагæн йæ цæстæнгасы цы уарзондзинад кæсæм, уый йæ ницы хæоджын кæны, фæлæ йæ- ныхас... Нæ фехъуыстон м.а зæгъ, Грушницкий, сайгæ дæ кæны..,, — Чи, уый?..— загътаТрушницкий, йæ цæстытæ арвмæ сыз- дахгæйæ æмæ мидбылты хиуылæрвæсгæ худт бакæнгæйæ.— Æз- дын тæригъæд кæнын, Печорин!.. Грушницкий рацыдис. Изæры тынг бирæ адæм фистæгæй ацыди хауæнмæ. Амы ахуыргæндтæ куыд æнхъæл сты, афтæмæй уыцы хауæн у, чи бахуыссыдис, ахæм вулканы ком; уыцы хауæн ис Машук- хохы лæгъз фахсыл, горæтæй иу верст æддæдæр. Цæуы йæм на- рæг къахвæндаг пыхсыты æАмæ къаадзæхты ’хсæнты; хохмæ куы фæхæрд кодтам, уæд æз бадардтон Меримæ мæ къух, уый йыл ныххæцыдис .æмæ йæ нал суæгъд кодта, цалынмæ тезгъогонд фестæм, уæдмæ. Нæ ныхас райдыдтам фыдгойæ: æз райдыдтон, немæ чи уы- дис, чи нæ уыдис нæ зонгæтæй, се ’ппæты дæр къæмæвзæрст кæнын, фыццагсын фæдзырдтон сæ худæг митæ, уыйфæстæ та — сæ хъæнтæ, сæ аиппытæ. Мæ маст базмæлыд, сфыхтис. Æз райдыдтон хъазæгау, фæлæ фæдæн æцæг маст æмæ хæрамæй. Фыццаг æм уый дзæбæхау фæкастис, стæй дзы уыйфæстæ \ш уд ауадис. — Тæссаг адæймаг куы дæ! — загъта мын Мери,— дæ дзы- хы бафтынæй тархъæды мидæг абырæджы цыргъаджы амæт- таг фæуын хуыздæр у... Æз дæ æ^æхъазгæпæ курыи: искуы куы сфæнд кæнай, миййаг, мæ фыдгон кæнын, уæд-иу фæлтау райс кард æмæ-ну мæ æргæвдгæ акæн,— æз афтæ ’нхъæл дæн,,. æмæ дын уый тынг зын нæ уыдзæнис. — Ау, æмæ æз марæджы хуызæн дæн?.. — Ды фыддæр дæ... Иу минуты бæрц æз асагъæс кодтон, стæй уæд загътон, цы- ма мæм йæ ныхæстæ тынг арф’ бахъардтой, мæхи уыйхуызæн акæнгæйæ. — О, мæ ныв, мæ амонд афтæ уыдис мæ сывæллоны бонтæй нырм’æ! Иууылдæр уыдтой, кастысты мæ цæсгомыл, æппын мæм чи нæ уыдис, ахæм æвзæр миннуджыты нысæнттæ; фæлæ- мæм сæ æнхъæл уыдысты, æмæ сæвзæрдысты. Æз уыдтæн хæ- 238
дæфсарм, сабыр— хуыдтой мæ хинæйдзаг, саузæрдæ: æз сдæн æхгæд-зæрдæ. Æз тынг арф æнкъардтон хорз дæр æмæ æвзæр дæр; ничи мæ рæвдыдта, иууылдæр мæ кодтой æфхæргæ: æз <сдæн мастмысаг: æз уыдтæн æнкъард, иннæ — сывæллæттæ-иу хъæлдзæг, къæбæда куы уыдысты, уæд; æз æмбæрстон, уыдонæй уæлдæр кæй уыдтæн, уый,— мæн кодтой дæлдæр: æз сдæн хæ- лæггæнаг. Мæн фæндыдис, æгас дунейы дæр куы уарзтаин, уый,— ничи хмæ бамбæрста: æмæ æз сахуыр дæн уазлл, хæрам -зæрдæ дарьш. Мæ æнæхуыз лæппуйы бонтæ мыл аивгъуыдтой мæхиимæ æмæ дзыллæим’æ тохгæнгæйæ; мæ хуыздæр æнкъа- рæнтæ худынæй, фауынæй тæрсгæйæ æз æмбæхстон мæ зæрдæйы арфы: уыдон уым амардысты. Æз дзырдтон æцæг — нæ мыл æууæндыдысты: æз рандыдтон сайын; дзыллæ æмæ царды хъандзалтæ хорз базонгæйæ æз сдæсны дæн царды зонд, цар- ды ахуырмæ æмæ федтон, иннæтæ æнæ уыцы дæсныйад дæр тсуыд амондджын сты, уый, æз афтæ æнæрынцойæ цæмæ тыр- ныдтон, уыцы хорздзинæдтæй уыдон сæ фарчы хай лæвар, æв- вонгæй кæй исынц, уый. Æмæ гъеуæд сæвзæрдис мæ риуы, мæ зæрдæйы ныфссаст,— дамбацайы дзых йæ хос кæмæн у, уыцы ныфссæфтдзинад нæ, фæлæ уазал, æдых зæрдæлхæнæн æмæ хæлар мидбылхудты бынæй чи кæсы, гъеуыцы ныфссæфтдзи- над. Æз сдæн удæй сахъатджын: мæ удæн йæ иу æмбис нал уыдис, бахуыскъ нс, байсыстис, амардис, æз æй ралыг кодтон æмæ йæ аппæрстон мæхицæй,— фæлæ ма йæ иннæ ’рдæг змæлы- .дис æмæ цардис, алкæмæн дæр лæггад, кæстæриуæг бакæныи- æввонгæй, æмæ гъеуый ничи æрхъуыды кодта, ничи бафиппайд- та, уый тыххæй æмæ йын пæ сæфт æмбисы хабар ничи зыдта. Фæлæ мын æй ныр ды мæ зæрдæйы мидæг райхъал кодтай, æмæ .дын æз бакастæн йæ эпитафи32. Бирæтæм эпитафитæ иууылдæр худæг кæсынц, фæлæ мæнмæ худæг нæ кæсынц, уæлдайдæр та, цырты бын цы ныгæд ис , уый куы ахъуыды кæнын, уæд. Уæв- гæ дæ æз нæ курын, мемæ æмзонд цæмæй уай, уый: кæд дæм мæ ми худæг кæсы, уæд — табуафси, худ æмæ худ; хъусын дын тсæнын, мур хъыг дæр мын нæ уыдзæнис. Уыцы минут æз Меримæ фемдзаст дæн,— йæ цæстытæ зыл- дысты доны; йæ къух мæ къухыл æнцайгæйæ рызтис; йæ уа- дултæ уагътой арт; кодта мын тæригъæд! Сылгоймæгтæм се "’ппæтмæ дæр афтæ æмхиц чи у, уыцы тæнзæрдæдзинад ын арф .ауагъта йæ дзæмбытæ йе ’вæлтæрд зæрдæйы. Тезгъо кæныны рæстæджы уый æдзухдæр уыдис рохст, кодта джпхтæ, зæрдæ рæвдауæн митæ никæимæ кодта,— уый та у стыр хорз нысан! Мах бахæццæ стæм хауæнмæ; сылгоймæгтæ ныууагътоп сæ 32 Эпитафи — цыртыл фыст. 239
кавалерты, фæлæ уый уæддæр мæ цонг уæгъд нæ уагъта. Амьг дендиты хъæлдзæг ныхæстæм уый нæ худтис; цы къардиуы былг лæууыдис, уый цæхгæр уырдыгæй нæ фæтарстнс, афтæмæй-иу иннæ чызджытæн ссыдис сæ цъæхахст æмæ-иу сæ цæстытæ ам- бæрзтой фыртæссæй. Ф<æстæмæ цæугæйæ æз нал сног кодтон не ’нкъард ныхас; фæлæ мын мæ дзæгъæл фæрстытæн æмæ хъазæн ныхæстæн уый дзуапп лæвæрдта цыбыр æмæ рохстæй. — Искуы искæй уарзтай?— бафарстон æз фæстагмæ Ме- рийы. Уый мæм .æдзынæг æрбакастис, банкъуыста йæ сæр,— æмæ- та ногæй сагъæсыл фæцис: бæрæг уыдис, цыдæр зæгъынмæ кæй хъавыдис, фæлæ йæ ныхас цæмæй райдыдтаид, уый кæй нæ зыдта, уый; йæ риу фæйлыдта... Ныр куыд! кæрдæн дыс цы баурома! æмæ электрон цæхæр мæ къухæй уый къухы афардæг; бæллондзинæдтæ, стæмтæй фæстæмæ, иууылдæр афтæ райда- йынц, æмæ мах нæхи арæх тынг фæсайæм, сылгоймаг нæ нæтых,. нæ домбайдзинады, кæвæ нæ уды хорз миниуджыты руаджы уарзы, зæгъгæ, æнхъæл куы вæййæм, уæд; уыдон, ай-гъай, сцæт- тæ, спарахат кæнынц сылгоймаджы зæрдæ сыгъдæг цæхæр ай- сынмæ, фæлæ уæддæр фыццаг бамбæлд — бандзæвд лыг кæньг хъуыддаг. ^ — Раст-ма зæгъ, тынг зæрдæхæлар нæ уыдтæн æз абон? — загъта мын кънйазы чызг йæ мцдбылты æнæбары бахудгæйæ,, тезгъо кæнынæй фæстæмæ куы раздæхтыстæм, уæд. Мах кæрæдзийæ фæхицæн стæм, Мери разы нæу йæхицæй, уый йæхи азымы дары, уаз-ал цæс- тæй мæм кæй кæсы, уый тыххæй... О, уы-й уал у фыадаг, сæй- рагдæр уæлахиздзинад! Райсом æй бафæнддзæнис мæ зæрдæ балхæнын. Æз уый хорз зонын — æнтъыснæгдзинад дæр мын гъеуый у! 12-æм июны Абон æз федтон Верæйы. Уый мæ хурхæй амардта йæ гуы- рысходзинадæй. Кънйазы чызг, æнхъæлдæн æмæ, сфæнд кодта уымæн йæ зæрдæйы сусæгдзинæдтæ æргом кæнын: рает зæгъын хъæуы, хорз базыдта равзарын! — Æз зонын, уымоен йæ фæстаг цæмæ цæуы, уый, зæгъгæ, мын дзьтрдта Верæ,— фæлтау мьгн æргом зæгъ гъеныр, кæй йæ уарзыс, уый. — Æмæ йæ кæд нæ уарзын, уæд та? — Уæд та йæ фæдыл цы зилыс, цы йæ хъыг дарыс, йæ зонд ын цæуыл змæнтыс... Ма кæн, æз дæ хорз зонын! Æрбайхъус- ма, кæд дæ фæнды, цæмæй дыл æууæндон, уый, уæд къуырипы 240
фæстæ рацу Кисловодскмæ; иннæбон мах цæуæм уырдæм. Кънйазы ус баззайдзæн ам фæстæдæрмæ. Баххуырс фатер нæ фарсмæ; мах цæрдзыстæм стыр хæдзары, суадонмæ хæетæг, ме- зонины; бынæй—кънйазы ус Лиговская, уый фарсмæ ма ис уыцы хицауæн ноджыдæр хæдзар, ахст чи нæма у, ахæм... Ра- цæудзынæ?.. Æз ын зæрдæ сæвæрдтон — æмæ тæккæ уыцы бон арвыстон уыцы фатер бацахеынмæ. Грушницкий мæм æрбацыдис изæры æхеæз сахатыл æмæ загъта, райсом йæ мундир цæттæ уыдзæнис, раст кафтизæрмæ, зæгъгæ. — Гъеныр кафдзынæн йемæ æгасизæр... Мæ мондæгтæ суадз- дзынæн йемæ ныхас кæнынæй!—загъта уый. — Кæд уыдзæнис кафтизæр? — Райсом, æндæр кæд! Ау, нæ йæ зоныс? Стыр бæрæгбон у, æмæ амы хицæуттæ ныллæууыдысты кафтизæр аразыныл... — Цом бульвармæ... — Ницæй тыххæй, ацы æвзæр цинелы... — Куыд, æмæ йæ нал уарзыс?.. Æз рацыдтæн иунæгæй, амбæлдтæн кънйазы чызг Мерийыл æмæ дзы ракуырдтон, кафтизæры мемæ мазуркæ цæмæй скафа, уый. Уый тынг фæдис кодта æмæ бацин кодта. — Мæнæй афтæ ды æнæбары фæкафыс айфыццаджы хуы- зæн,— загъта Мери йæ мвдбылты тынг æхсызгон, уарзон худт бакæнгæйæ... Уый, æнхъæлдæн, хъуыды дæр нæ кæны, Грушницкий уым кæй нæ уыдис, уый. — Райсом ды тынг бацин кæндзынæ иу цæуылдæр, — загъ- тон æз чызгæн. — Цæуыл?.. — Уый сусæггаг у... кафтизæры йæ дæхæдæг бамбардзынæ. Æз мæ изæр ахицæн кодтон ^кънйазы усмæ; уазæгæй йæм нпчн уыдис, Верæ æмæ иу худæджы зæронд лаэджы йедтæмæ. Æз уыдтæн мæ чемы, мæ тæккæ хъæлдзæгæй, хастон сын хи- хъуыдыгонд алы æнахуыр таурæгътæ: кънйазы чызг бадтис мæ комкоммæ æмæ мæ дзæнгæдамæ афтæ зæрдиапæй, афтæ æдзы- нæг æмæ адджынæй хъуыста, æмæ æфсæрмы кæнын байдыдтон. Цы фесты йæ цæрдæгдзинад, йæ гæдымитæ, йæ хивæнддзинад, йæ къæйных цæсгом, йе ’нæрвæссон мидбыл худт, йæ рохст цæстæнгас!.. ’ Верæ уыдон иууылдæр бафиппайдта; йæ низджын цæсгом уыд стыр æнкъардхуыз; уый бадтис аууоны, рудзынджы раз, уæрæх къæлæтджыны арф аныгъуылгæйæ... Æз ын фæтæри- гъæд кодтон... 16 М. Ю. Лермонтов 241
Уæд æз радзырдтон, уыимæ мах кæрæдзийы куыд базыдтам, куыд бауарзтам, уыцы драмон хабæрттæ æгасæй дæр,— æцæг, фæсномыг, мысгæ нæмттыл таурæгътæ хæсгæйæ. Æз афтæ рæсугъд, афтæ æргом равдыстон мæ фæлмæстдзи- над, мæ мæт, мæ цин; æз ын афтæ хорзæй равдыстон йæ митæ, йæ зæрдæйы ахаст, æмæ уый хъуамæ бар-æнæбары дæр ныб- барстаид, кънйазы чызгæн цы зæрдæрæвдауæн митæ кодтон, уыдон. Верæ сыстадие, æрбадтис нæ фарсмæ, бацæрдæг, бахъæл- дзæг ис... æмæ æхсæвæй дыууæ сахаты куы рацыдис, махæн нæ зæрдыл æрмæст уæд æрлæууыдис, дохтыртæ иуæндæс сахатыл хуыосын кæй амонынц, уый. 13-æм июны Кафтизæрмæ ма сахатырдæг уыдис, афтæ мæм Грушницкий смидæг ис æрттывдтытæ калгæ, йæ фистæг æфсæддон мунди- ры. Ие ’ртыккаг цæппæрыл æфтыд уыдис бронзæйæ конд сахаты бос — йæ уæлæ та ауыгъд уыдис дывæр лорнет; йе’нæгъдау стыр пъалеттæ уыдысты хæрдмæ здыхт амуры базырты хуызæн; йæ цырыхъхъытæ кодтой хъынц-хъынц, йæ галиу къухы уыдис морæ гоградзарм æрмкъухтæ æмæ тъæпæнхуд, рахизæй та уыс- мæн æвнæлд кодта йе здыхт бецыкмæ æмæ йæ хицæн лыстæг къæ- бæлдзыг кодта. Хицæй бузныгдзинад æмæуыимæ иуцъус гуыза- вæдзинад зындис йæ цæсгомыл; йе бæрæгбоны фæлгонц, йæ хъал цыд мæ фæхудын кодтаиккой, уыцы хъуыддаг мæ уынаф- фæтæм гæсгæ куы уыдаид, уæд. Уый баппæрста йæ тъæпæнхуд æмæ йе ’рмкъухтæ стъолмæ, йæхæдæг райдыдта йæ мундиры фаринтæ ивæзтытæ æмæ йæхи аивтæ кæнын кæсæны раз; стыр сау кæлмæрзæн, йæ хъистæй йын йæ роцъо чи урæдта, уыцы бæрзонд хъуырбосыл фæлдæх- тæй, иу версоччы æрдæджы бæрц зындис æфцæгготы бынæй уæлæмæ; Грушницкиймæ уый фæкасти чысыл æмæ йæ сласта ноджыдæр уæлдæр, суанг йæ хъусты онг, уыцы зын куыстæй, уый тыххæй æмæ мундиры æфцæггот уыдис тынг къуындæг æмæ тыхст,— нæ цæсгом туджы разылдис. — Ды, дам, ацы бонты тынг узæлæнтæ кодтай мæ кънйазы чызджы алыварс? — загъта мын уый фаг æнæрвæссонæй, мер- дæм не’рбакастис, афтæмæй. — Мах хуызæн æдылытæн та цай цымын — уанцон нæу! — зæгъгæ, йын дзуапп радтон æз, Пушкин раджы кæддæр, ив- гъуыд рæстæджы æвирхъауты фыдуагдæртæй зарæг кæуыл скодта, уый уарзон æмбиеонд фæзмгæйæ. — Зæгъ-ма, хорз мыл фидауы мæ мундир æви нæ?.. У, æл- 2\>
гъыст дзуттаг!.. мæ дæлæрмттæ мæ куыд æлвасынц!.. Духи дæм нæй, миййаг? — Ау, æмæ ма дæ цы хъæуы? Æнæуый дæр дæ розæ пома- дæйы тæф куы кæлы! • — Ницы кæны. Æри-ма ардæм... Уый ауагъта авджырдæг йæ галстучы фæстæ, йæ фындзы- кæлмæрзæныл æмæ йæ дыстыл. — Ды кафдзынæ? — зæгъгæ, мæ бафарста. — Нæ фæнд кæнын. — Æз тæрсын, кънйазы чызгимæ мæ мазуркæ райдайын куы бахъæуа, уымæй; зæгъæн ис, æз нæ зонын иунæг фигурæ дæр, з^æгъгæ... — Æмæ йæ ды мазуркæ кафынмæ хуыдтай? — Нæма... — Хъахъхъæн, мачи дын æм фæраздæр уæд... — Æцæг зæгъыс! — зæгъгæ, фæкодта уый йæ ных бакъуыр- гæйæ.— Хорз байрйай... цон, æз æм дæлæ дуармæ банхъæлмæ кæсон.— Йæ тъæпæн худмæ фæлæбурдта æм.æ азгьордта. Сахатырдæджы фазстæ æз дæр араст дæн. Уынг уыди та- лынг æмæ афтид; .æмбырддоны кæнæ хæрæндоны алыварс, куыдфæнды йæ хон, адæм гуылвæндтæ кодтой; йæ рудзгуытæй калди рухс; полчъы музыкæйы цагъд мæм хаста изæры дым- гæ. Æз цыдтæн æнцадгай; мæ зæрдæ кодта æнтъыснæг... Ау,— хъуыды кодтон æз мæхинымæр,— æрмæст иунæг гъеуый тых- хæй цæрын зæххыл, æмæ искæй фæндтæ æмæ ныфсытæ халон? Куы цæрын æмæ куы архайын, уæдæй фæстæмæ мæ хъысмæт æдзух кодта искæй драмæйы, искæй хъуырдухæны æлхынцъ ха- лынмæ, цыма æнæ мæн мæлгæ дæр ничи акодтаид, йæ ныфс дæр никæмæн асастацд, уыйау! Æз уыдтæн фæндзæм акты æх- сызгон архайæг, æнæбары æз кодтон марæджы кæнæ нымудзæ- джы æлгъаг ми. Нæ зонын, цы кæнынмæ хъавыд цымæ уым.æй хъысмæт? Чи зоны, кæд уый мæн сæвзæрста, снысан кодта ме- щанты трагедитæ æмæ бинонты романтæ фыссæгæн — науæд «кæсынады чиныгдонæн»... таурæгътæ цæттæгæнæджы æмгусæ- гæн?.. Цы базындæуа?.. Гæзæмæ ис ахæм адæмтæ, æмæ цард райдайгæйæ æнхъæл чи вæййы, йæ цард фæуыдзæн стыр Алек- саддр кæнæ лорд Байроны царды хуызæн, афтæмæй сæ цæргæ- цæрæнбонты титулярон советниктæй уæлдæр чи не схизы?.. Залмæ куы бацыдтæн, уæд æз бамбæхстæн лæгты къорды ’хсæн æмæ уырдыгæй райдыдтон мæ цæст дарын. Грушницкий лæууыдис кънйазы чызджы цур æмæ йын цыдæр дзырдта тынг зæрдиагæй; уый йæм хъуыста рохстæй, кастшс фæйнæрдæм йæ былтыл дымгæгæнæн сæвæргæйæ; йæ цæсгом æвдыста æнæ- хъæцындзинад; йæ цæстытæ агуырдтой йæ алфамбылай кæй- 243
дæр; æз сæм сындæггай бацыдтæн фæстæрдыгæй, сæ ныхасмæ сын байхъусон, зæгъгæ. — Ды мæ хъизæмарæй марыс, кънйазы чызг! — дзырдта йын Грушницкий,—ды тынг аивтай, фендæрхуызон дæ, æз дæ кæдæй нал федтон, уæдæй. — Уæдæ ды дæр афтæ куы аивтай,— дзуапп радта уый, су- сæгæй йыл кæй худтис, уый куыд нæ раиртæстаид, æваст æм ахæм каст фæкæнгæйæ. —Æз? æз аивтон?.. О, уый куыд никуы уыдзæнис! Ды куы зоныс, уый гæнæн кæй нæй, уый! Дæу иунæг хатт чи фена, уый мыггагмæ ахæсдзæнис йемæ дæ хуыцауæнгæсæн сурæт... — Банцай... — Уæдæ дæ ныр цæуылнæуал фæнды, бынтон æрæджыдæр ма, стæй афтæ арæх зæрдæхæларæй цæмæ хъуыстай, уымæ хъусын?.. — Уый тыххæй æмæ æз уыцы иу хъуыддагмæ къорд хатты хъусын нæ уарзын,— дзуапп радта уый худгæйæ... — О, уæдæ хæрзрæдыд куы фæкодтон!.. Æз, æдылы къоп- па, афтæ æнхъæлдтон, æмæ мын# ацы пъалеттæ уæддæр ратдзы- сты æнхъæлмæ кæсыны, уымæй мæхицæн зæрдæвæрыны бар... Нæ, фæлтау ацы æгад салдаты цинел, чи зоны, дæ зæрдæйы хорзæхард «æй руаджы уыдтæн, уьгй мыггагмæ дæр ме’рагъæй куы нæ раластаин... — Æцæг, æцæг, цинел дыл бирæ хуыздæр фидауы... Уыцы сахат сæм æз бацыдтæн æмæ акуывтон кънйазы чыз- гæн; уый иучысыл фæсырх ис æмæ тагъдгомау сдзырдта: — Æццæй нæ, мсье Печорин, цъæх цинел бирæ хуыздæр нæ фидауы мсье Грушницкийыл? — Æз демæ разы нæ дæн,— загътон æз,— мундиры мидæг уый ноджыдæр лæппудæр у. Грушницкий нæ баурæдта уыцы цæф: лæппутæ се ’ппæт дæр куыд сты, уый дæр а-фтæ, архайы йæхи зæронды бынаты æвæ- рыныл; уый афтæ ’нхъæл у, æмæ йын бæллондзинæдтæ йæ цæс- гомыл цы арф фæд ныууагътой, уыдон ын цæуынц йæ азты фæ- ды ивддзаг. Уый мæм æвнппайды агъуыд каст æрбакодта, йæ къах зæххыл æртъæпп кодта æмæ иуварс ацыдис. — Басæтт,— загътон æз кънйазы чызгæн,— уый æдзухдæр кæд тынг худæг уыдис, уæддæр ма дæм бынтон æрæджы дæр рæсугъд, аив кастис... йæ цъæх цинелы мидæг?.. Уый йæ цæстытæ ныццавта зæххы æмæ ницыуал дзырдта. Грушницкий æгас изæр йæ куыст скодта кънйазы чызджы, кафыди кæнæ йемæ, кæпнод та У15-а-У1533, уый йæ хордта Кæрæдзи комкоммæ. ?44
йæ цæстытæй, кодта улæфтытæ æмæ йæ тыхсын кодта йæ лæгъ- стæтæй æмæ йæ уайдзæфтæй. Æртыккаг кадрилы фæстæ дзы чызгæн йæ цæстытæ риосын байдыдтой. — Æз дын уый æнхъæл никуы уыдтæн,— афтæ дзургæ мæм æрбацыдис Грушницкий, æмæ мын ныххæцыднс мæ къухыл. — Цы? — Ды йемæ мазуркæ кафыс?—зæгъгæ, мæ афарста уый йæ хъæлæс уæлвонг сисгæйæ.— Уый мын басастис. — Гъемæ цы? Исты сусæггаг у? — Уæдæ циу... Æз хъуамæ рагæй дæр уый æнхъæл уыдаин ахæм къулбадæг... цъыллингдымæг чызгæй... Æз мæ маст райс- дзынæн! — Бузныг у дæ цинелæй кæнæ дæ пъалеттæй, фæлæ уый та азымы цы дарыс? Уый аххос цæмæй у, йæ зæрдæмæ кæй нал цæуыс, уый?.. — Æмæ йæ уæд цы зæрдæтæ æвæрыны æфсæрм ис? — Æмæ йæм цы æнхъæлмæ кастæ? Истæмæ бæллын æмæ уый къухы цæмæй бафта, уымæ тырнын — уый æз æмбарын; фæ- лæ ма исчи йæхицæн зæрдæтæ æвæры ахæм хъуыддаджы? — Хæснаг дæу фæцис, æрмæст æххæстæй нæ,— загъта уый нæ мидбылты мæсты худт бакæнгæйæ. Мазуркæ райдыдта. Грушницкий йæхицæн кафæг æмбалæн æвзæрста æрмæст кънйазы чызджы, иннæ кавалертæ дæр æй æвзæрстой алы минут дæр: уый сын уыдис æргом сусæгвæнд мæ ныхмæ, фæлæ хуыздæр у: чызджы фæнды мемæ дзурын, хъыг æй дарынц,— бафæнддзæнис æй дзурын дыууæ хатты тых- джындæр. Æз ьтн иу-дыууæ хатты йæ къух цæлхъывтон; дыккаг хатт æй’уый атыдта, иу дзырд дæр не скодта, афтæмæй. — Æвзæр хуысдзынæн æз ахсæв,— загъгæ, мын загъта чызг, мазуркæ куы фæцис, уæд. — Уый Грушницкийы аххос у. — Æппындæр нæ!—Æмæ йæ цæсгом афтæ ’нкъард, афтæ ’нтъыснæг ныццис, æмæ æз дзырд радтон мæхицæн, цыдæрид- дæр уа, уæддæр ын уыцы изæр йæ къухæн аба кæндзынæн, зæгъгæ. Адæм сæ хæдзæрттæм цæуын райдыдтон. Кънйазы чызджы къареты куы бадын кодтон, уæд ын тагъдгомау пæ гыццыл къух мæ былтæм балхъывтон. Уыди мæйдар, æмæ мæ ничи федта. Æз баздæхтæн залмæ мæхицæй иттæг бузныг уæвгæйæ. Стыр стъолы алыварс бадтысты æмæ æхсæвæр хордтой фæ- сивæд, Грушницкий дæр семæ. Æз куы бацыдтæн, уæд иууыл- дæр фæсыпп сты: æвæццæгæн сæм уыдис мæ ныхас. Бпрæтæ 245
мæм айфыццаджы кафтизæрæй фæстæмæ кæсынц хъуынтъы- зæй, уæлдайдæр та драгуйнаг капитан, ныр та мыл, æнхъæлдæн æмæ, бынтондæр сфарс кæнынмæ хъавынц, Грушницкий сæ- амонæг, афтæ^мæй. Уымæн йæ бакаст у диссаджы хъал æмæ хъæбатыр... Тынг æхсызгон мын у; æз уарзын ме знæгты, кæд сæ чы- рыстон уарзт нæ кæнын, уæддæр. Уыдон мæ кæнынц ирхæфсын, змæлын мын кæнынц мæ туг. Æдзухдæр цырд, къæрцхъусæй лæууын, алы цæстæнгас, алы ныхасæн йæ нысан ахсын, зæр- дæйы фæндтæ æмбарын, фыдвæндтæ халын; цæстмæ æфсонæй хи æвæрын сайды бынаты, стæй æвиппайды, уыциу риуыгъ- дæй стыр зындзинæдтæй, алы хинтæ æмæ кæлæнтæй арæзт га- луан афæлдахын,— æз цард гъеуый хонын, гъе! Æхсæвæр хæрыны дæргъы Грушницкий нæ банцадис дра- гуйнаг капитанимæ сусу-бусу кæнынæй æмæ цæстæй амонынæй. 14-æм июны Абонрайсом Верæ ацыдис йæ моимæ Кисловодскмæ. Æз сын сæмбæлдтæн сæ къаретыл, кънйазы ус Лиговокиймæ куы фæ- цæйцыдтæн, уæд. Верæ мын акуывта йæ сæрæй; йæ цæстæнгасы уыдис уайдзæф. Æмæ кæй аххос у? Цæуылнæ мын дæтты йемæ иунæгæй фе- ныны фадат? Уарзондзинад зынджы уавæрæн у,— хойраг ын куы нæ уа, уæд хуысгæ кæны. Чи зоны, гуырысходзинад бакæ- на, мæ лæгъстæ бакæнын цы нæ бафæрæзта, уый. Æз фæбадтæн кънйазы усмæ æнæхъæн сахат. Мери нæ ра- цыдис,— рынчын у. Изæрæй бульвары дæр нæ уыдис. Фыдгæн- джыты ногарæзт бал лорнеттæй гæрзифтонг уæвгæйæ уыдис æцæгæй дæр лæбурæгхуыз. Мæнæн æхсызгон у, кънйазы чызг рынчын кæй у, уый: исты маст ын сарæзтаиккой. Грушницки- йæн йæ сæры фаст пыхцыл, йæ бакаст агъуыд; уый, æнхъæлдæн„ æцæг у мæсты, уæлдай ссæст у йæ сæры кад; фæлæ куы нс ахæм адæймæгтæ дæр, æмæ мастæй сæ хъуырмæ кæй свæййынц^ уый дæр хъазæгау кæмæн у!.. Нæхимæ куы раздæхтæн, уæд ^бамбæрстон, цыдæр мын кæй нæ фаг кæны, уый. Æз Мерийы нæ федтон! Рынчын у! Кæд æй: æцæг бауарзтон, миййаг? Нæ, уый дзæгъæл хъуыддаг у! 15-æм июны Райсомæй иуæндæс сахатыл,— кънйазы ус Лиговская Ермо- ловы ваннæйы хид куы фæкæны,— уæд æз фæцæйцыдтæн йае хæдзары фæрсты. Кънйазы чызг бадтис сагъæстæ гæнгæ ру- 246
дзынджы раз; мæн куы ауыдта, уæд йæ бынатæй фæгæпп кодта. Æз бацыдтæн сенæмæ; адæмæй дзы иу змæлæг нæ уыдис, æмæ амы æгъдæутты уæгъдибармæ гæсгæ смидæг дæн æнæ фæрсгæйæ уазæгдоны. Кънйазы чызджы дзæбæх цæсгом уыдис тарфæлурс. Уын лæууыдис фортепианойы раз йæ иу къухæй къæлæтджын бан- доны чъылдымыл æнцайгæйæ: уыцы къух гæзæмæ рызтис; æз æм бацыдтæн æнцадгомау æмæ йын загътон: — Мæсгы мæм кæныс?.. Уый мæм скастис æнкъард, арф цæстæнгасæй æмæ йæ сæр •банкъуыста; йæ былтæ хъавыдысты цыдæр зæгъынмæ æмæ нæ фæрæзтой; цæстытæ айдзаг сты цæосыгæй, уый къæлæтджыны .æруагъта йæхи æмæ йæ цæсгом бамбæрзта йæ къухтæй. — Цы кæныс? — загътон æз, йæ къух ын райстон, афтæмæй. — Ницы аргъ мын кæныс!.. О, ныууадз мæ!.. Æз ракодтон цалдæр санчъехы... Уый къæлæтджыны мидæг йæхн араст кодта, йæ цæстытæ арт ацагътой... Æз ныллæууыдтæн дуары хæцæнмæ бавналгæмæ æмæ загъ- тон: — Ныббар мын, кънйазы чызг! Æз бакодтон æнæзонд ми... дыккаг хатт мыл ахæм рæдыд нал æрцæудзæнис: цы хъæуа, уый мæхæдæг бакæндзынæн... Цæмæн хъуамæ зонай ды, ныронг мæ зæрдæйы мидæг цытæ цыдис, уыдон? Уый ды никуы ба- зондзынæ, æмæ уый хуыздæр у дæхицæн. Хæрзбон. Куы рацæйцыдтæн, уæд, афтæ мæм кæсы, цыма йæ кæуын мæ хъустыл æрцыдис. Суанг изæрмæ æз фæрабыр^бабыр кодтон фистæгæй Машу- чы алывæрсты, тынг бафæлладтæн æмæ нæхимæ куы’рцыдтæн, уæд хуыссæны бахаудтон бынтон фæлмæцыдæй. Æрбацыдис мæм Вернер. — Æцæг у,— бафарста мæ уый,— кънйаз Лиговскийы чыз- джы курыс, уый? — Æмæ цы? — Æнæхъæн горæт дæр æй цъиутау уасы; мæ рынчынтæ цы сты, уымæй æгасæй дæр сысты уыцы ахъаззаг хабарыл, уы- дон та ахæм адæм сты, æмæ алцыдæр зонынц! «Уыдон иууылдæр Грушницкийы митæ сты!» — ахъуыды код- тон æз мæхинымæр. — Уыцы тауысы мæнгдзинад дын цæмæй равдисон, уый тыххæй дын сусæгæй зæгъын, дохтыр, тæккæ райсом æз Кисло- водскмæ кæй цæуын, уый. — Кънйазы чызг дæр?.. — Нæ; уый ма иу къуыри баззайдзæнис ам... 247
— Æмæ йæ уæдæ нæ курыс, нæ?.. — Дохтыр, уæ дохтыр! кæсгæ-ма мæм æрбакæн: усгуры хуызæнæй мæм исты ис, миййаг? — Æмæ æз афтæ куы нæ зæгъын... фæлæ ды куы зоныс, афН тæ дæр рауайы! — загъта уый йæ мидбылты хин худт кæн-/ гæйæ,— æмæ уæздан лæгæн ус ракурын хæс кæд вæййы, стæи ахæм мадæлтæ дæр ис, æмæ уыцы фадæттæ цæмæй не ’рцæуой, уый тыххæй сæ къух уазал доны дæр чи нæ тулы... Гъемæ дын зæгъын, хæлары охмæ, хъахъхъæн дæхи. Ам хъæрмæдоны уæл- дæф иттæг тæссаг у: цал æмæ цал амæй ай хуыздæр лæппуйы федтон æз ацы ран, хуыздæр амонд аккаг чи уыдис, афтæмæй- иу ардыгæй æмраст аргъауынмæ чи ацыдис... Суанг ма, бауырн- дзæн дæ, мæнæн дæр ус ракурынмæ куы хъавыдысты! О, йæ чызг тынг фæлурс кæмæн уыдис, иу ахæм ’уездаг Мад. Æз чыз- гæн фыдбылызау афтæ загътон, мой куы скæна, уæд йæ хуыз йæ бынаты сбаддзæнис, зæгъгæ; уæд мын мад бузныггады цæс- тысыгтимæ загъта: мæ чызг æмæ мæ исбон æгасæй дæр — æн- хъæлдæн, фæндзай удгоймаджы—дæу, зæгъгæ. Фæлæ йын æз загътон, ахæм хъуыддаг бакæнынхъом нæ дæн, зæгъгæ. Вернер ацыдис, йæхинымæр æнхъæл уыдис, ус ра^курынæн мæ бахызта, зæгъгæ. йæ ныхæстæй æз бамбæрстон, горæты мæн æмæ кънйазы чызджы тыххæй алы æвзæр хабæрттæ кæй цыдис, уый; уый Грушницкийæн афтæ нæ батайдзæнис! 18-æм июны Ме ’ртæ боны мæхи фесты, æз Кисловодскы куы дæн, уæдæй нырмæ. Алыбон дæр Верæйы уынын цъайы цур æмæ тезгъо кæнгæйæ. Райсомæй куы райхъал вæййын, уæд обадын рудзын- джы раз æмæ саразын лорнет йæ балкъонмæ; уымæн рагæй сты йæ гæрзтæ йæ уæлæ конд, æмæ мæм æнхъæлмæ кæсы исты æм- барæн нысанмæ; мах сæмбæлæм кæрæдзийыл, æнæбары цыма вæййы, уыйау, нæ хæдзæрттæй цъаймæ уырдыг чи ахаста, уы- цы цæхæрадоны. Царды хос—уæлдæф—та йын сног кодта фæс- тæмæ йæ цæсгомы хуыз æмæ йæ хъару. Дзæгъæлы нæ хонынц нарзан нæртон дон, уæйгуыты суадон. Ам цæрæг адæм дзу- рынц, Кисловодскы уæлдæф уарзондзинадмæ здахы, зæгъгæ, Машучы бын, дам, искæд цыдæриддæр романтæ равзæрд, уы- донæн, дам, се’лхынцъ та ацы ран сыхæлы, зæгъгæ. Æмæ æцæг, ам æгасæй дæр у иппæрд, фæсвæд рæттæ; ам алцыдæр у сæ- рæмбæрзт, сусæгад: цъæх фæлыст хæхты ’хсæн хъæргæнгæ æмæ фынкалгæ, къæйæ-къæймæ гæпгæнгæ æмæ размæ фæд гæрдгæ чи бырсы, уыцы агъуд донмæ чи ’ртасыдис, уыцы сус- 248
хъæд бæлæсты тар аууæттæ дæр; ардыгæй фæйнæрдæм къа- бæзтæй чи цæуы, уыцы тар мпгъæй дзаг æгомыг кæмттæ дæр; хуссары бæрзонд кæрдæджыты æмæ урс акъациты тæф кæмæ фæхæццæ, уыцы хæрздæф дымгæйы сыгъдæгдзинад дæр; кæрæ- дзийыл адаггæрон амбæлгæйæ уайсурæй чи лидзы æмæ фæс- тагмæ Подкумочы сæхи чи ’ппары, уыцы хæххон уазал дæтты адджынфынæфтауæг æнæнцой хъæр дæр. Ком ацырдыгæй у уæрæхдæр æмæ фесты цъæх лæнк; лæнчы къæдз-мæдзты цæуы рыгкалгæ фæндаг. Уыцы фæндагмæ кæсгæйæ мæнмæ алы хатт дæр афтæ фæкæсы, цьгма йыл къарет рацæуы, къареты рудзын- гæй та цыма кæйдæр сырхуадул цæсгом æддæмæ кæсы, уыйау. Бирæ къареттæ ацыдис ацы фæндагыл,— фæлæ уый уæддæр ни- куыма ис. Фидары æддейы цы слабодкæ ис, уый цæрæгæй бай- дзаг ис; къуыбырыл цы хæрæндон ис, мæ фатерæй цалдæр сан- чъехы æддæдæр, уым изæрæй рухсытæ гæдыбæлæсты дывæр рæнхъы аууонæй фæзын-фæзын кæнынц; хъæр æмæ агуывзæты дзыгъал-мыгъул хъуысынц æхсæв æнафонмæ. Къахетаг сæн æмæ суардон амы хуызæн бирæ никуы нуа- зынц. Фæлæ уыцы дыууæ дæсныйады æмхæццæ кæнын Уарзджытæн нæй кæрон — æз уыдон хыгъдæй нæ дæн. Грушницкий йæ балимæ алыбон хъæр-хъæлæба кæны, абухы хæрæндоны æмæ мæнæн «æгас цæуай» дæр хорз нал кæны. Уый нырма знон æрхæццæ, афтæмæй ныридæгæн æртæ зæ- ронд лæгимæ фæхыл ис, йæ разæй ваннæйы сбадынмæ кæй хъа- выдысты, уый тыххæй; цæхгæр — æнамонддзинæдтæ йæ кæнынц хæстæргом. 22-æм июны Æппынфæстаг, уыдон æрцыдысты. Æз бадтæн рудзынджы раз, сæ къареты хъæр мæ хъустыл куы ауадис, уæд; мæ зæрдæ ныссæххæтт ласта. Ай цы хабар у? Ау, æцæг æй уарзын?.. ^Уæв- гæ, æз афтæ æдылы конд дæн, æмæ фæллойаг у, афтæ куы уа,. уымæй дæр. Æз сæм хордтон сихор. Кънйазы ус мæм кастнс тынг фæл- мæстæй æмæ, мара-зæгъай, йæ чызджы иунæгæй уадза... за- мана у! —фæлæ уыйхыгъд та Верæ фырмæстæй судзы, кънйазы чызджы уарзыс, зæгъгæ: цы хорз раны бахаудтæн уæдæ! Сыл- гоймаг цы нæ бакæндзæнис, уæвгæ та, йæ фыдгул сылгоймагæн маст скæныны тыххæй? Хъуыды ма йæ кæнын, иу сылгоймаг мæ бауарзта, иннæйы кæй уарзтон, уый тыххæй. Сылгоймаджы зондæй æнахуырдæр æппындæр ницы ис: сылгоймаджы тынг 249>
*зын у истæуыл баууæндын, бауырнын кæнын; уымæн афтæ кæ- нын хъæуы, æмæ йæхæдæг йæхи куыд баууæндын кæна; йæ -æнæууæнкдзннæдтæ, йе’нхъæлындзинæдтæ цы аргументтæй са- фы, уыдон сты тынг диссаг, æнахуыр уагыл арæзт; сылгойма- джы диалектикæйыл хи сахуыр кæныны тыххæй хъæуы, скъола логикæйы æгъдæуттæй адæймаджы зонды цы цæвæрдта, уыдон æгасæй дæр бындзарæй афæлдахын. Дзырдæн зæгъæм, хуымæ- тæджы фæрæз: Ацы лæг мæн уарзы; фæлæ æз дæн моймæдзыд: хъуамæ уæ- дæ æз ацы лæджы ма уарзон. Сылгоймаджы хъуыды та: Æз æй хъуамæ ма уарзон, уый тыххæй æмæ æз дæн мой- мæдзыд; фæлæ мæ уый уарзы, уымæ гæсгæ... Ацы ран ис цалдæр стъæлфы, уый тыххæй æмæ зонд ни- цыуал дзуры, фæлæ дзурынц фылдæр: æвзаг, цæстытæ, уыдон -фæстæ та зæрдæ, кæд ис, уæд. Цымæ куыд уыдзæнис, искуы ацы фыстытыл сылгоймаджы цæст куы ’рхæца, уаед? — Хахуырдзннад! — зæгъгæ, мæстыйæ ныхъхъæр кæндзæнис, хæрзаг. Поэттæ куы фыссынц, æмæ сын сылгоймæгтæ сæ фыстытæ куы кæсынц (уый тыххæй арфæгонд уæнт, фæлæ), уæдæй фæс- ’тæмæ сæ уыдон зæдтæ уал хатты схуыдтой, æмæ уыдон дæр, сæ зæрдæйы æргомдзинадмæ гæсгæ, баууæндыдысты уыцы цурон ныхасыл, уыцы поэттæ æхцайыл Нероны æрдæгхуыцау кæй хуыдтой, уый байрох кæнгæйæ. Аив нæ уаид мæнæн уыдон тыххæй афтæ мæстæргомæй дзу- рын,— мæнæн, уыдоны йедтæмæ дунейыл æндæр чи ницы уар- зы,— мæнæн, уыдон сæрвæлтау кæддæриддæр цæттæ чи уыдис йе’нцойад, йæ кадуарзондэинад, йæ цар.д нывондæн раттынмæ... ^Фæлæ сæ, ома, хъыгзæрдæ кæнæ æфхæрд дæн, уый тыххæй, миййаг, нæ архайын уыдонæн сæ гамхуд сисыныл, фæлтæрд цæстæнгасы йедтæмæ кæм ницы хизы, уыцы кæлæн æмбæрзæн •ратоныныл. Нæ, фæлæ сæ æз цы зæгъын, уыдон иууылдæр сты, æрмæст цы сбæлвырд ис, уыдон. Зонды уазал цæстдарæнтæй Æмæ зæрдæйы æнкъард фиппайæнтæй. Сылгоймæгтæ хъуамæ бæллой, нæлгоймæгтæ сæ æгасæй .дæр мæ хуызæн хорз цæмæй зоной, уымæ, уый тыххæй æмæ сæ æз уарзын сæдæ хатты фылдæр, куынæуал сæ тæрсын æмæ ’сын сæ лыстæг аиппытæ куы бамбæрстон, уæдæй нырмæ. Вериер дæр ма айфыццаг сылгоймæгтæй афтæ дзырдта, уы- дон, дам, сты, Таос йæ чиныг «Уæгъдгонд Иерусалимы» цы кæ- -лæнтæгонд хъæдæй зæгъы, уый уавæрæн. «Æрмæст æм дæ къах -25.0
бавæр, дзырдта уый,— уыййедтæмæ, зæгъы, ахæм тасы бацæу- дзынæ, алырдыгæй дыл ахæм тæссагдзинæдтæ ныккæлдзæнис, æмæ хуыцау ма зæгъæд; хæс, сæры кад, æфсарм, адæмы ныхас, фауд, æнæрвæссондзинад... Кæсын нæ хъæуы æрмæст, фæлæ цу размæ; чысылгай уыцы тæосаг цæстылуайæнтæ цыдæр æрба- вæййынц, æмæ байгом вæййыдæ размææнцад æмæ рухс æрдуз, йæ астæу дидинæг æфтауы цъæх мирт. Фæлæ уыйхыгъд та, до- дой дæ сæр кæны, фыццаг къахдзæфтæ ракæнгæйæ, дæ зæрдæ- куы фæтæреа æмæ фæстæмæ куы фæкæсай, уæд!» 24-æм июн’ы Абон изæр æрцыдис æваст бирæ хабæрттæ, Кисловодскæй иу-æртæ версты æддæдæр, комы, Подкумок кæм цæуы, уым ис иу айнæг къæдзæх, Цæг, зæгъгæ, йæ ном; уый у æрмæстæй дæр, æрдз кæй сарæзта, ахæм кулдуаргонд хуынкъгом, уый лæууы уæлвонг, бæрзонд къуыбырыл, æмæ хур куы ’рцæйныгуылы, уæд. ма фæстаг хатт ныддары уырдыгæй дунемæ йæ судзгæ цæст. Барджыты стыр бал араст ис уырдæм, хур куыд ныгуылдзæнис, уымæ уыцы рудзынгæй акæсынмæ. Раст зæгъын хъæуы, уыдо- нæй иуы дæр хуры мæт нæ уыдис. Æз цыдтæн кънйазы чызджы фарсмæ; нæхимæ куы раздæхтыстæм, уæд нæ хъуыди Подкумо- кыл рахизын. Хæххон цæугæдæттæн сæ тæккæ тæнæгдæртæ дæр тынг тæссаг сты, уый тыххæй æмæ сæ бын у æнæмæнгæй ка- лейдоскоп; уылæнты бырстæй алыбон дæр ивгæ кæны: знон дур кæм уыдис, уыцы ран абон — уæрм. Æз ныххæцыдтæн кънйазы чызгæн йæ бæхы рохтыл æмæ йæ донмæ баластон; дон уæрджы- тæй уæлдæр нæ хæццæ кодта, чысылгай райдыдтам доны зулаив хæрдмæ цæуын. Чидæриддæр зоны, тагъд доны цæугæйæ, дон- мæ кæсын кæй нæ хъæуы, уый тыххæй æмæ дзы уайтагъддæр сæр разилы. Мæн ферох ис Мерийæн уый зæгъын. Уыдыстæм донæн йæ астæу, йæ тæккæ тагъды, афтæ чызг саргъы уæлæ æвиппайды фæцудыдта. «Мæ сæр зилыЬ — зæгъ- гæ, сдзырдта чызг мæллæг хъæлæсæй... Æз æм цырд фæгуыбыр кодтон æмæ йын йæ тасгæ гуырыл мæ цонг æрбатыхтон. — Хæрдмæ кæс!—загътон ын æз сабыргай,— ницы кæныг æрмæст тæрсгæ ма кæн; æз демæ дæн. Чызг иучысыл йе’муд æрцыдис; уый фæндыдис йæхи мæ цоч- гæй феуæгъд кæнын, фæлæ йыи йæ буц, фæлмæн гуыр æз но- джыдæр тынгдæр æрбалвæстон мæхимæ; мæ рус чысыл ма бахъæуа ма андзæва йæ русыл; уый пиллон калди. — Цы мын кæныс?.. мæ хуыцау!.. Æз хъуыды дæр нæ кодтон, уый ризгæ кæй кодта, æфсæр- мæй кæй мардис, уый, æмæ мæ былтæ андзæвыдысты йæ буц 231
русыл; чызг фестъæлфыдис, фæлæ дзургæ ннцы скодта; мах цыдыстæм æппæты фæстæ: ничи нæ федта. Доны былмæ куы рахызтыстæм, уæд иууылдæр нæ бæхты ауагътам сæпп-сæппæй. Кънйазы чызг фæурæдта йæ бæхы; æз баззадтæн йæ цуры; бæ- рæг уыдис, кæй ницы дзырдтон, уый тыххæй йæ зæрдæ кæй тых- стис, фæлæ æз сомы бакодтон, иу ныхас дæр куы скæнон,— кæддæра цы кæнид, зæгъгæ. Мæн фæндыдис, уыцы цъысымæй йæхи куыд сласдзæнис, уый фенын. — Дæуæн æз кæнæ æгад дæн дæ цæсты, кæннод та мæ тынг бирæ уарзыс! — загъта чызг фæстагмæ кæуынхъæлæсæй.— Чи зоны, дæу фæнды мæнæй фæхынджылæг кæнын, мæ зæрдæ мын сызмæнтын, стæй мæ уыйфæстæ фæуадзын... Æмæ афтæ куы бакæнис, уæд уый ахæм æбуалгъ, ахæм цъаммар хъуыддаг уаид, æмæ айдагъ йæ койæ дæр... Фæлæ, нæ! — загъта уый фæл- мас, æууæнкджын хъæлæсæй,—растнæу,дæ цæсты æгад цæмæй уон, ахæмтæй мæм кæй ницы ис, уый? Дæ къæйных ми дын... æз хъуамæ, æз хъуамæ ныххатыр кæнон, уый тыххæй æмæ дæ ’бауагътон... Дзуапп мын ратт, дзур, цæй, мæн фæнды дæ ны- хасмæ хъусын!..— Йæ фæстаг ныхæсты уыдис уыйбæрц нæхъæ- цындзинад, æмæ æз нал баурæдтон мæ мидбылхудт; мæ амонд- мæ гæсгæ райдыдта изæрдалынгтæ кæнын... Ницы йæм дзырд- тон æз. — Ницы мæм дзурыс? — загъта та дарддæр, — æви дæ уый гфæнды, æмæ дын æз раздæр цæмæй зæгъон, уарзын дæ, зæгъгæ?.. Æз ныхъхъус дæн... — Уый дæ фæнды? — дзырдта чызг дарддæр йе ’ргом æвип- пайды мердæм фездахгæйæ... Йæ цæстæнгасы æмæ йæ хъэелæ- сы хатты цæхгæрдзинады уыдис тæссаг цыдæр... — Цæмæн? — дзуапп радтон æз ме уæхсчытæ фелхъивгæйæ. Чызг ныццавта ехсæй йæ бæхы æмæ нарæг, тæссаг фæнда- гыл ныххоста дæлæмæ; уый афтæ æнæнхъæлæджы уыдис, æмæ ма йæ тыххæй-фыдæй баййæфтон, уый дæр, иннæ барджытнмæ куы баиу ис, æрмæст уæд. Суанг сæ хæдзары онг уый ныхас кодта æмæ худтис алы минут дæр. Йе змæлдтытæ афтæ уыды- ’сты, æмæ йыл цыма ризæг уыдис, уыйау; мæнмæ иунæг хатт дæр нæ ракастнс. Иууылдæр бафиппайдтой уыцы æнахуыр хъæлдзæгдзинад. Æмæ кънйазы ус йæхинымæр цин кодта йæ чызгмæ кæсгæйæ, афтæмæй чызг та уыди сыгъдæгæй дæр сон- тау йæ нуæртты æнкъуыстæй: уый ахсæв фынæй нæ бауыдзæ- нис æмæ кæудзæни. Уыцы хъуыды мæнæн у æнæкæрон æхсыз- гон: вæййы ахæм минуттæ, æмæ æз вампиры куы фембарын... Афтæмæй та адæмы зæрдæйæ æз дæн хæларзæрдæ лæппу æмæ ярхайын ууыл! Бæхтæй æрхнзгæйæ сылгоймæгтæ бацыдысты кънйазы ус- 252
мæ; мæ зæрдæ уыдис тыхст, æмæ æз фæцагайдтон хохмæ, мæ сæры уылæн цы алыхуызон хъуыдытæ кодтой, уыдон айрох кæ- ныны тыххæй. Æртæхджын изæр улæфыди æхсызгон уазаладæй. Мæй сцæпцыд хæхты тар цъуппыты фæстейæ. Ме’дзæфхад бæ- хы алы къахдзæф дæр æмыр хъæрæй азæлыдис кæмтты æн- цойады; æхсæрдзæны бын мæ бæхæн дон бадардтон, зыдгомау баулæфыдтæн мæ риумæ иу-дыууæ хатты хуссайраг æхсæвы сыгъдæг уæлдæф æмæ мæ фæд-фæд ратахтæн фæстæмæ. Æр- цæйцыдтæн слабодкæйы астæуты. Рудзгуытæй цы рухсытæ цы- дис, уыдон хуыссын байдыдтой; фидары быруйы сæрæй хъахъ- хъæнджытæ æмæ йæ алфамбылайы пикетты хъазахъхъ дæргъæл- вæс хъæр кодтой кæрæдзимæ... Слабодкæйы, къардиуы тæккæ был цы хæдзæрттæ уыдис, уыдонæй иуæй цыдис æнæгъдау тыхджын рухс, хатгай дзы хъуыстис æмтъеры ныхас æмæ хъæр, бæрæг уыдис, æфсæддон адæм дзы минас кæй кодтой, уый. Æз æрхызтæн бæхæй æмæ рудзынгмæ бахъуызыдтæн; фæрссаг æнгом ссыд кæй нæ уыдис, уымæ гæсгæ æз уыдтон минасгæнджыты æмæ сын хъуыстон сæ ныхæстæ. Кодтой мæ кой. Драгуйнаг капитан сæнæй сцырындз уæвгæйæ тымбылкъу- хæй ныццавта стъол æмæ домдта иннæты йæхимæ хъусыныл. — Господа! — загъта уый,— ай цыхуызæн хъуыддаг у! Пе- чорины æрцахуыртæ кæнын хъæуы! Алы бетъырбухаг хъуы- мыздзыхтæ кæддæриддæр хъалгæнаг сты, цалынмæ сын сæ фындз дзæбæх нæ ныццæвай, уæдмæ! Афтæ ’нхъæл у, æмæ хорз адæмы ’хсæн æрмæст уый цардис, æдзух ыл сыгъдæг æрмкъух- тæ æмæ сыгъдæггонд цырыхъхъытæ кæй вæййы, уый тыххæй. — Кæнæ-ма йын кæс йе’нæрвæссон мидбылхудтмæ! Афтæ- мæй та, уыриы мæ, йæхицæй тæп’пуддæр скæнæн дæр ма нæй,— о, тæппуддæр! — Уæдæ мæнмæ дæр афтæ кæсы,— загъта Грушницкнй.— Уый уарзы ныхас хынджылæгм.æ здахын. Иухатт ын æз ахæм æвзæртæ фæдзырдтон, æмæ мæ уый бынаты æндæр лæг лыстæг • къуыхтæ скодтаид, фæлæ мын Печорин мæ ныхæстæ иууылдæр худынырдæм аздæхта. Æз æм, кæй зæгъын æй хъæуы, хæст- мæ нæ расидтæн, уый тыххæй æмæ уый хъуыддаг уыдис; стæй мæ йемæ сбæндæн дæр нæ фæндыдис... — Грушницкий йæм хæрам у, кънйазы чызджы дзы кæй байста, уый тыххæп,— загъта чидæр. — Æрхъуыды кодта! Æз, æцæг у, иучысыл аузæлæнтæ код- тон кънйазы чызгыл, фæлæ йæ уайтагъд фæуагътон, уый тых- хæй æмæ мæ зæрды ус курын нæй, чызджы цæсты ’фтауын та мæнæн мæ хъæды нæй. — О, баууæндут мыл, йæхицæй тæппуддæр уæвгæ дæр ма 2:3
нæй, æз Печоринæй зæгъын, Грушницкийæ нæ зæгъын,— Груш- ницкий та саг лæг у, ноджы у мæнæн ме’нæфæсайгæ хæлар! — загъта та ноджыдæр драгуйнаг капитан.— Господа! ам йæ сæ- рыл ничи дзуры? Ничи? уый та уæдæ ноджыдæр хуыздæр! Фæн- ды уæ йæ хъæбатырдзинад бавзарын? Уый уæм худæг фæкæс- дзæн... — Фæнды; æрмæст куыд? — Куыд, уымæ æрбайхъусут: Грушницкнй йæм у уæлдай хæ- рамдæр — æмæ ахъаззалдæр хай уый бар! Уый Печорины æды- лы митæй иуы дымæгмæ уымæй загъд ракъахдзæнис æмæ йæм расиддзæнис дуэльмæ... Хъусут, йæ замана гъеуый у... Расид- дзæнис æм дуэльм,æ... хорз! Гъеуыдон иууылдæр: расидын, хи цæттæ кæнын, бадзырды ’гъдæуттæ-йедтæ уыдзьисты, гæнæн цас ис, уыйас цæстахадгæдæр æмæ тæссагдæр хуызы мидæг æвæрд; æз уын уый мæхи ’вджид кæнын; æз уыдзынæн дæуæн дæ се- кундант, мæ мæгуыр хæлар! Хорз! Æрмæст хъуыддагæн йе схæ- цæн мæнæ ай мидæг ис: дамбацатæ нæмыгæй нæ сифтындздзыс- тæм. Дзырд уын дæттын, Печорин фæтæрсдзæнис — æхсæз сан- чъехмæ сæ слæууын кæндзынæн, цы уа, уый уæд! Разы стут, господа? — Афтæ ма æрхъуыдыгæнгæ уыдзæнис! Разы стæм!.. Цæ- уылнæ уæд? — зæгъгæ, алырдыгæй схор-хор кодтой. — Грушницкий, ды та? Тыхджын зæрдиагæй æнхъæлмæ кастæн æз Грушницкийы дзуапмæ; уазал мастæй мæ зæрдæ айдзаг ис, мæ амонд нæ уæв- гæйæ, зæгъгæ, уæд æз уыцы æдылытæн хынджылæггаг кæй код- тон, уый куы ахъуыды кодтон, уæд. Грушницкий куы нæ сразы уыдаид, уæд йе ’фцæгыл мæхи ныттыхтаин. Фæлæ иуцъусдуг ницы сдзургæйæ уый сыстадис йæ бынатæй, йæ къух бадаргъ кодта капитанмæ æмæ йын загъта иттæг сæрыстырæй: «Хорз, уæдæ, æз разы дæн». Зæгьæн нæй, афтæ тынг сцин кодтой цытджын æмбырды адæм æгасæй дæр. Æз раздæхтæн нæхимæ дыууæ алыхуызон æнкъарæнæй мæ зæрдæ фæйлаугæйæ. Фыццаг æнкъарæн уыдис æнтъыснæгдзи- над. «Цымæ мæ æмхуызонæй дæр се сæфт цæй тыххæй уы- нынц? — хъуыды кодтон æз мæхинымæр.— Цæй тыххæй? Йе кæд искæй æфхæргæ бакодтон? Нæ. Ау, уæдæ айдагъ сæ уынд, сæ бакаст дæр адæмæн хъыг кæмæн у, уыдонæй уон, миййаг?» Æмæ æз- æмбæрстон, мæ зæрдæ маргджын мастæй чысылгай- чысылгап куыд дзаг кодта, уый. Хъахъхъæн дæхи, господин Грушницкпй! — дзырдтон æз мæхпнымæр уаты къуымты дыу- уæрдæм рацу-бацугæнгæйæ,— мемæ афтæ хъазæнтæ нæй, уый зон. Дё ’дылы æмбæлтты зондыл кæй цæуыс, уый дын хъазар 254
кæй сыстдзæнис, уый зон. Æз дын хъазинаг нæ дæн! Æз æгас æхсæв дæр нæ бафынæй дæн. Райсомæй мæ цæсгом уыдис померанецы хуызæн бур-бурид. Райсомæй æз цъайы цур сæмбæлдтæн кънйазы чызгыл. — Рынчын дæ? — зæгъгæ, мæ бафарста чызг, æдзынæг мæм ныккастис, афтæмæй. — Æз нæ бафынæй дæн æгас æхсæв. — Æз дæр уæдæ... æз ма дæу аххосджын кодтон... чи зоны ’мæ æнæхъуаджы. Фæлæ мын хъуыддаг бамбарын кæн, æз. дын алцыдæр ныббардзынæн... — Алцыдæр уа?.. — Алцыдæр... æрмæст дзур æцæгдзинад... æрмæст тагъд- дæр... Зоныс, æз бирæ фæсагъæс кодтон, фæцархайдтон дæ уаг, дæ митæ бамбарыныл, дæу æнæ азым скæныныл: чи зоны, æмæ кæд исты къуылымпыдзинадæй тæрсыс мæ хæстæджытырды- гæй... уый ницы у... уыдон куы базоной... (йæ хъæлæс базыр- зыр кодта), æз сæ сразы кæндзынæн. Кæнæ дæуæн дæхи уа- вæр... фæлæ уый зон æмæ, æз кæй уарзын, уый тыххæй алцы- дæр ратдзынæн, æвгъау ницы бакæндзынæн...— О, тагъддæр мын дзуапп, фæтæригъæд мын кæн... Æнад дын нæ дæн, раст зæгъ? Чызг мын фæлæбурдта мæ къухмæ. Кънйазы ус цыдие нæ разæй Верæйы монмæ æмæ ницы федта; фæлæ нын тас уыдис, тезгъогæнæг рынчынтæ нæ куы федтаиккой, уымæй, уыдон та сты цымыдистæн сæ тæккæ цы- мыдисдæр дзырддавтæ æмæ загъта-бахтагæнджытæ, æмæ æз тагъдгомау феуæгъд кодтон мæ къух йæ уарзон къухы æлвæс- тæй. — Æз дын зæгъдзынæн, æцæг æргом,— радтон æз дзуапп кънйазы чызгæн,— мæхи дын рæстытæ нæ фæкæндзынæн, мæ митæ дын æппæт нæ фæдзурдзынæн. Нæ дæ уарзын! Йæ былтæ зына-нæзына афæлурс сты. — Ныууадз мæ,— загъта чызг йæ ныхас тыххæй хъуысгæйæ. Æз фелхъывтон ме уæхсчытæ, фæзылдтæн æмæ рацыдтæн. 25-æм июны Æз хаттæй-хатт мæхиуыл не’рвæссын... цымæ иннæтыл дæр уый тыххæй нæ дæн æнæрвæссон?.. Уæздан тырнындзинæдтæн мæм хъару нал ис; æз тæрсын, мæхæдæг мæхимæ худæг кæсын куы байдайон, уымæй. Мæнæй æндæр чи уаид, уый зæгъид кънйазы чызгæн зоп соеиг е! за Гог1ипе34, фæлæ ус курын, Мæ зæрдæ ’мæ мæ мулк. 255
зæгъгæ, мын, уыцы ныхас кæны цыдæр кæлæндых: цыфæнды •судзаг, цыфæнды мондаг уарзт кæнон сылгоймагæн, уæддæр мын иугæр бамбарын кодта, йæхи мын курын кæны, зæгъгæ, уæд — хæрзбон, уарзондзинад! Мæ зæрдæ дур фесты æмæ йын фæстæмæ схъарм кæнын амал нал вæййы. Æз алы зындзинадыл дæр разы дæн, уыцы хъуыддаг бакæнынæй фæстæмæ; осæдз хат- ты мæ цард, суанг мæ сæры кад дæр ма æз сæвæрдзынæн адза- лы къахыл... фæлæ мæ сæрнбардзинад уæддæр нæ ауæй кæн- дзынæн. Цымæ мын афтæ хъазар цæмæн у уый? Цы мын дзы ис?.. Кæдæм цæттæ кæнын мæхи? Фидæнмæ цæмæ ’нхъæлмæ кæсын?.. Раст зæгъон, мур дæр ницæмæ. Уый у мемæ райгуыр- гæ, æрдзæй рахæогæ цавæрдæр тас, зæгъæн кæмæн нæй, ахæм сусæг æнкъарындзинад... Ахæм адæнмæгтæ нæй, мнййаг æмæ, сæхуыдтæг дæр æй не ’мбарынц, афтæмæй хæлуарджытæй, хъæ- бузтæй, мыстытæй чи тæрсы... Басæттон ыл?.. Сывæллон ма куы уыдтæн, уæд мæ мад ацыдис иу зæронд ус-дæснымæ; уый ба- фарста æмæ загъта: мæнæй уымæн, дам, йæ адзал уыдзæнис фыдсылæй, зæгъгæ, тынг фæдургом дæн уæд æз уыцы ныхæс- тæй: уæнгæл мын у уæдæй фæстæмæ ус курыны кой... Ноджы ма мын цыдæр афтæ дзуры, дæсныйы ныхас дыл цæудзæнис, зæгъгæ; гъемæ, æндæр ницы, фæлæ архайдзынæн, цы мыл æр- цæуинаг у, уый мыл æрæгмæдæр цæмæй æрцæуа, ууыл. 26-æм июны Знон æрцыдис ардæм фокустæвдисæг Апфельбаум. Хæрæн- доны дуарыл фæзындис даргъ хъусинаг, уым цытджын адæмæн хъусын кæнынц — æмбисонды фокустæвдисæг, бæндæныл ка- фæг, химик æмæ оптик абон изæрæй, аст сахатыл уæздан адæ- мы æмбырдгæнæн залы (ома—хæрæндоны), æвдисдзæнис дис- саджы митæ, зæгъгæ; билеттæ дыгай сомтæ æмæ æрдджытæй. Иууылдæр сæхи цæттæ кæнынц уыцы æмбисонды фокустæв- дисæджы митæ фенынмæ; суанг ма кънйаз Лиговскийы ус дæр, кæд йæ чызг рынчын у, уæддæр райста йæхицæн билет. Абон фæссихор фæцæйцыдтæн æз Верæйы рудзынджы цур- ты; уый бадтис балкъоныл зыбыты иунæгæй; мæ къæхты бын- мæ æрхаудис уацфыст: «Абон мæм-иу изæрæй дæсæм сахатыл ссу стыр аоиныл: мæ мой ацыдис Пятигорскмæ æмæ ’рбаздæхдзæн æрмæст сомбон. Мæ адæм æмæ мæ фæсдзæуинтæ хæдзары нæ уыдзысты: æз се "’ппæтæн дæр байуæрстон билеттæ, кънйазы усы адæмæн дæр.— Æнхъæлмæ дæм кæсын; æнæ ’рбацæугæ ма фæу». Гъе-гъе! — ахъуыды кодтон æз мæхинымæр,— уæддæр фæс- тагмæ мæнырдыгонау рауадис. Аст сахатыл ацыдтæн æз фокустæвдисæгмæ кæсынмæ. Адæм -256
æрæмбырд сты фарæстæм сахаты фæуынмæ ’ввахс; райдыдта æвдисын. Фæстаг рæнхъы бандæттыл базыдтон æз Верæйы æмæ кънйазы усы фæсдзæуинты. Се ’ппæт дæр уыдысты уыцы ран æнæиуцухæй, Грушницкий бадти фыццаг рæнхъы æд лорнет. Фокустæвдисæг æм дзырдта алыхатт дæр, фындзыкæлмæрзæн, сахат, къухдарæн кæнæ æндæр исты дзаума-иу æй куы бахъуы- дис, уæд. Грушницкнй мын «дæ бон хорз» дæр нал кæны иуцасдæр афон, абон та мæ^м иу-дыууæхатты фаг къæйныхæй æрбакæсты- тæ кодта. Уыдон ын æрымысдзынæн, хæс фидæн бон куы æр- цæуа, уæд. Дæсæм сахаты фæуынмæ ’ввахс æз сыстадтæн æмæ рацыд- тæн æддæмæ. Æддейы уыдис мæйдар, фæнды цæсты къух фæтъысс. Уæз- зау, уазал мигътæ хуыссыдысты алфамбылайы хæхты цъуппы- тыл; æрмæст-иу стæм хатт мæлæг дымгæ басыф-сыф кодта, хæ- рæндоны алыварс цы гæдыбæлæстæ уыдис, уыдон цъуппытæй; йæ рудзгуыты раз гуылвæндтæ кодтой адæм. Æз къуыбырæй мæхи æруагътон дæлæмæ æмæ кулдуарырдæм фездæхгæйæ мæ цыд фæцырддæр кодтон. Æвиппайды мæм афтæ фæкастис, цы- ма чидæр мæ фæстæ цæуы. Æз фæлæууыдтæн æмæ алырдæм аракæс-бакæс кодтон. Мæйдары раиртасæн ницы уыдис; фæлæ уæддæр æз, æдасдæры тыххæй, тезгъо цыма кодтон, уыйау æр- зылдтæн хæдзары алыварс. Кънйазы чызджы рудзгуыты цурты фæцæйцæугæйæ æз ногæй айхъуыстон мæ фæстæ кæйдæр къах- дзæфтæ: иу лæг, цинелы тыхтæй, разгъордта мæ рæзты. Мæ зæр- дæ ныссæххæтт ласта; фæлæ уæддæр тыргъмæ хъуызгæ-хъуыз- гæ бацыдтæн æмæ тагъдгомау сызгъордтон талынг асинмæ. Дуар фегом ис: гыццыл къух фæлæбурдта мæ къухмæ... — Ничи дæ федта? — зæгъгæ, мæ афарста сабыргай Верæ, нæхи мæм æрбалхъывта, афтæмæй. — Ничи! — Гъеныр дæ уырны, уарзын дæ, уый? О, æз бирæ фæ- гуызавæ, бирæ фæхъизæмар кодтон... фæлæ ды мæнæй кæныс, цыдæриддæр дæ фæнды, уый. Верæйы зæрдæ йæхи хоста къултыл, йæ къухтæ уыдысты уа- зал ихы къæрттау. Райдыдта уайдзæфтæ, æнæууæнккæгтæ, хъæстытæ кæнын,— фæлгъуыдта мæ, алцæуыл дæр ын куыд басастаин; кæд мыл, зæгъы, фæлывдæй рацыдтæ, уæд дын уы- мæн дæр ныббыхсдзынæн, уый тыххæй æмæ, зæгъы, æз бæллын .æрмæст дæ амондм’æ. Уыцы ныхæстæ мæ тынг нæ уырныдтой, фæлæ йæ ардæй, сомытæй æрсабыр кодтон. — Æмæ уæдае Мерийы нæ ракурдзынæ? Нæ йæ уарзыс?.. 17 М. Ю. Лермонтов 257
Уый та уæдае афтæ’нхъæл у æмæ... Зоныс, уый дæу уарзынæй æрра куы кæны, мæгуырæг!.. Æмбисæхсæвæй дыууæ сахаты рацыдаид, афтæ æз бакодтон рудзынг æмæ дыууæ кæлмæрзæны къабазы кæрæдзийыл абæт- гæйæ æруагътон мæхи уæллаг балкъонæй бинагмæ цæджындзыл хæцгæ. Кънйазы чызгæй ма цыди рухс. Цыдæр мæ уый рудзынг- мæ фæкомкоммæ кодта. Рудзынгæмбæрзæн æмбæрзт нæ уыдис,. æмæ мын уыдис уаты хуылфыл мæ цымыдис цæст дзæбæх ра- хæссæн. Мери бадтис йæ хуыссæны йæ къухтæ йæ уæрджытыл дзуарæвæрд скæнгæйæ; йæ бæзджын дзыккутæ уыдысты æм- бырд кружеватæй арæзт æхсæвхуыссæн худы бын; сæнтсырх’ стыр кæлмæрзæн ын æмбæрзта йæ урс уæхсчытæ, æмæ йæ гыц- цыл къах æмбæхст уыдис персайнаг хъулон туфлиты. Уый бад- тис æнæзмæлгæйæ йæ сæр йæ риуыл æруадзгæйæ; йæ размæ стъолыл лæууыдис гом чиныг, фæлæ йе ’нæзмæлгæ, йе ’нæзæгъ- гæ ’нкъард цæстытæ, æвæццæгæн, сæдæймаг хатт разгъор-баз- гъор кодтой уыцы иу фарсыл, йæ хъуыдытæ та уыдысты дард. кæмдæр... Уыцы минутыл чидæр къудзийы фæстæ базмæлыдис. Æз- агæпп кодтон балкъонæй нæумæ. Кæйдæр æнæуынгæ къух мын* фæлæбурдта ме уæхскмæ. «А-гъа! — загъта тызмæг хъæлæс,— ахст фæдæ!.. Зилдзынæ мын ныр æхсæвыгон кънйæзты чызджы- тыл!» — Фидар ыл хæц! — ныхъхъæр кодта иннæ фисыны æддейæ ралиуыргæйæ. Уыдон уыдысты Грушницкий æмæ драгуйнаг капитан. Æз тымбылкъухæй ныххафт кодтон фæстагæн йæ сæр,. йе’мбудтæ йын зæххы ацæвын кодтон, мæхæдæг къудзитæм мæхи фехстон. Нæ хæдзæртты комкоммæ къулаивы цы цæхæ- радон уыдис, уый къахвæндæгтæ мæнæн иууылдæр уыдыстьг зонгæ. — КъæрныхтæГ Фæдис!..— хъæр кодтой уыдон; фæцыдис* топпы гæрах; топпы къæрмæг фæздæг калгæ æрхаудис мæ’ тæккæ къæхты бын. Минутмæ мæ уаты балæууыдтæн, мæ гæрзтæ фелзæстон æмæ- ахуыссыдтæн. Мæ фæсдзæуш куыддæр дуар гуыдырæй ахгæд- та, афтæ мæм Грушницкий æмæ капитан райдыдтон дуар хойын.. — Печорин! хуысгæ кæныс цы? Ам дæ?..— зæгьгæ, æрба- хъæр кодта капитан. — О, хуыссын,— зæгъгæ сæм мæсты хъæр ракодтон æз. —, Уæлæмæ сыст! Къæрныхтæ... Черкестæ... 258
— Æхснырсæг мыл ,ис,— загътон æз,— æмæ суазалæй тæр- сьга. Уыдон раивгъуыдтой. Дзæгъæлы сæм сдзырдтон; иу сахаты бæрц ма мæ уæддæр фæцагуырдтаиккой цæхæрадоны къуымты. Уалынмæ фæдис стынг ис. Фидарæй æртахтис тæргæ бæхæй хъазахъхъаг. Алырдыгæй змæлæг ссис; райдыдтой агурын чер- кесты алы къудзийы бын дæр — æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, цы ссардтаиккой. Фæлæ бирæтæ, æвæццæгæн, зæрдиагæй афтæ "’нхъæлдтой, æмæ гарнизон хъæбатырдæрæй æмæ цырддæрæй йæхи куы равдыстаид, уæд æппынкъаддæр æвзæргæнджытæй иу-дыууын лæджы уыцы ран ’баззадаид. 27~æм июны Абонрайсом цъайы цур адæммæ æндæр ныхас нал уыдис, дысон чер,кестæ æрбабырстой, зæгъгæ, уый йедтæмæ. Мæ агуыв- зæты хыгъд нарзан куы банызтон, сусхъæд бæлæсты даргъ ал- лейыл иу-дæс хатты куы арацу-бацу кодтон, уæд сæмбæлдтæн Верæйы мойыл, раст гъеуыцы сахат Пятигорскæй чи ’рбахæц- цæ ис, ууыл. Уый мын ныххæцыд мæ цонгыл, æмæ ацыдыстæм ^æрæндонмæ аходæн хæрынмæ; лæг тынг мæт кодта йæ усыл. «Уæддæр дысон уый куыд фæтарстис,— дзырдта уый; — ноджы, фыдбылызмæ гæсгæ, хъуыддаг мæ фæсаууон ма’рцæуа». Мах .æрбадтыстæм аходæн хæрыныл, къуымы цы уат " уыдис, уый тæккæ раз; мидæгæй уаты та бадтысты фæсивæд иу-дæс лæгæй, семæ уыдис Грушницкий дæр. Хъысмæт та мын дыккаг хатт радта, Грушницкийы цард цы бауинаг у, уый чи лыг кодта, уыцы ныхæстæм байхъусыны фадат. Уый мæн нæ уыдта, æмæ йын уымæ гæсгæ нæ уыдтæн барæй дзурын æнхъæл, фæлæ йæ уый кодта <мæ цæсты ноджы азымджындæр. — Ау, æмæ æцæг уыдысты, цымæ, черкестæ? — сдзырдта чидæр,— исчи сæ федта, миййаг? — Хъуыддаджы æцæгдзинад уын æз æгасæй дæр радзурдзы- нæн,— дзуапп радта Грушницкий,— æрмæст, уæ хорзæхæй, æмæ уæ мæн мачи схъæр кæнæд; хъуыддаг мæнæ куыд уыдис: знон мæм иу лæг æрбацыдис, йæ иом уын нæ зæгъдзынæн, æмæ мын дзуры; дæсæм сахат уыдаид, афтæ, зæгъы, æз федтон, Лигов- <жийты хæдзармæ чидæр куыд бахъуызыднс æмæ дзы куыд смидæг ис, уый. Уыцы сахатыл та кънйазы ус уыдис ам, йæ чызг та сæхимæ. Гъемæ уыцы лæгимæ араст стæм сæ рудзгуы- ты бынмæ, уыцы амондджыны размæ бабадæм, зæгъгæ. Гæды куы нæ зæгъон, уæд æз фæтарстæн, кæд ме ’мдзурой йæ аходæн хæрыны куыст тынг зæрдиагæй кодта, уæддæр: уый ^фехъуыстаид, тынг хъыг ын чи уыданд, ахæм ныхæстæ, Груш- дицкий хъуыддаджы ^бæлвырддзинад куы базыдтаид, уæд; фæ- 25^
лæ фыруарзондзинадæй куыр^м уæвгæйæ Грушницкийæн уый йæ фæсонæрхæджы дæр нæ цыдис. — Гъемæ,— ныхас кодта Грушницкий дарддæр,— араст стæм топп айсгæйæ; нæмыгæй ифтыгъд нæуыди, æрмæст топпыхосæй, тæрсыны тыххæй. Дыууæ сахаты онг фенхъæлмæ кастыстæм цæхæрадоны. Фæстагмæ,— хуыцау йæ зонæг у, ^кæцæй фæзын- дис, æрмæст рудзынгæй нæ уыдаид, уый тыххæй æмæ рудзынг гомгæнгæ нæ уыдис, фæлæ, æвæццæгæн, рацыдис, цæджындзы фæстæ цы авджын дуар уыдис, уырдыгæй,— о, фæстагмæ, зæ- гъын, кæсæм æмæ чидæр балкъонæй æрхизы... Гъе, мæхæнцъул, кънйазы чызг ма дзы хуыздæр цы вæййы? И? Уæвгæ, раст зæгъгæйæ, ацы мæокуыйаг чызджытæ! Уыйфæстæ ма лæг цæ- уыл баууæнда? Ацахсынмæ йæ хъавыдыстæм, фæлæ нын уый аирвæзтис æмæ тæрхъусау къудзитæм баппæрста йæхи; æз дæр æй фæстейы фехстон. Грушницкийыл алырдыгæй æнæууæнкгæнгæ схъуыр-хъуыр кодтой. — Нæ уæ уырны? — ныхас кодта уый дарддæр,— ме’ууæн- кæй уæ бауырнæд, цы зæгъын, уыдон иууылдæр æцæг сты: цæ- мæй уæ бауырна, уый тыххæй уын, уæдæ, цæй æмæ уыцы гос- подинæн йæ ном зæгъон. — Зæгъ, зæгъ, чи у, уый! — схор-хор кодтой алырдыгæй. — Печорин,— дзуапп радта Грушницкий. Уыцы минутыл уый йæ цæстытæ систа уæлæмæ: æз лæууыд- тæн дуарыл йæ бакомкоммæ; лæг тынг фæсырх ис. Æз æм хæс- тæг бацыдтæн æмæ йын сындæг æмæ æмбаргæ ныхæстæй загъ- тон: — Тынг хъыг мын у, де’наккаг хахуыр ныхæстыл баууæндын кæныны тыххæй æууæнчы ныхас куы загътай, æз ардæм уый- фæстæ кæй æрбацыдтæн, уый. Æз афойнадыл дæ цуры куы фæуыдаин, уæд дæ уый бахызтаид уæлдай цъаммардзинадæй. Грушницкий йæ бынатæй фæгæпп кодта æмæ хъавыднс ра- мæсты уæвынмæ. — Курын дæ,— дзырдтон æз дарддæр гъеуыцы иу хъæлæсы хаттæй,— курын дæ, æмæ ныртæккæ дæ ныхæстæ фæстæмæ куыд айсай, афтæ; ды тынг хорз куы зоныс, уыдон мысгæ ны- хæстæ кæй сты, уый. Æз уый æнхъæл нæ дæн, æмæ дæуæн сылгоймаг де’рдхæрæны хорз хъарутæ кæй ницæмæ дары, уа- залзæрдæйæ сæм кæй кæсы, уый тыххæй дæуырдыгæй уымæн æмбæла ахæм æбуалгъ мастисæн ми бакæнын. Дзæбæх ахъуы- ды кæн: уыцы æнхъæлындзинадыл куы хæцай, уæд сафыс ды уæздан лæджы ном хæссыны бар æмæ æвæрыс дæхи адзалы къахыл. Грушницкий лæууыдис мæ разы йæ цæстытæ зæххы пыццæв- 260
гæйæ, стыр тыхстхуызæй. Фæлæ йе ’фсæрм æмæ йæ сæры кад, йæ хиуарзондзинад кæрæдзиимæ бирæ нæ фæтох кодтой. Дра- гуйнаг капитан бадтис йæ цуры æмæ йæ уый йæ рæмбыныкъæ- дзæй басхуыста; Грушницкий фестъæлфтис æмæ мын уайтагъд дзуапп радта, йæ цæстытыл уæлæмæ дæр не схæцыдис, афтæ- мæй. — Хорз господин, æз исты куы ф-æдзурын, уæд хъуыды дæр афтæ фæкæнын æмæ йæ дыккаг хатт- зæгъынмæ дæр цæттæ вæййын... Æз уе’ртхъирæнтæй нæ тæрсын æмæ алцæуыл дæр разы дæн. — Алцæуыл дæр разы кæй дæ, уый æвдисгæ дæр хорз куы ракодтай,— зæгъгæ, йын уазал дзуапп радтон æз; мæхæдæг драгуйнаг капитаны дæларм бацæугæйæ рацыдтæн уатæй æд- дæмæ. — Цы дæ фæнды? — зæгъгæ, мæ бафарста капитан. — Ды дæ Грушницкийы хæлар æмæ йын, æвæццæгæн, се- кундант уыдзынæ? Капитан йæ сæрæй хъалгомау акуывта. — Хорз æй базыдтай,— загъта уый,— мæнæн ма мæ хæс дæр у уымæн секундант ныллæууын, уый тыххæй æмæ ууыл цы ’фхæрд ауадис, уый хауы мæнмæ дæр: æз дысон уыдтæн йе- мæ,— бафтыдта уый йæ ныхæстыл йæ гуыбыргомау гуыр рæс- тытæ кæнгæйæ. — А! уæдæ ахæм æнарæхст цæф дæ сæрæн фæкодтон æз?.. Уый ныббур ис, ныцъцъæх ис; сусæг маст æвиппайды йæ цæсгомыл абадтнс. — Мæхицæн кадыл нымайдзынæн абон дæумæ мæ секун- данты барвнтын,— бафтыдтон æз мæ сæрæй йын тынг уæздан акувгæйæ æмæ, æрра кæй кодта, уый йын хъуыды дæр цыма нæ кæнын, мæхи афтæ даргæйæ. Хæрæндоны тыргъы æз амбæлдтæн Верæйы мойыл. Æвæц- цæгæн æмæ мæм уый уым æнхъæлмæ кастис. Тынг цинимæ мын зæрдиагæй мæ цонгыл ныффидæр ,ис. — 0, уæздан лæппу! — загъта уый йæ цæстытæ доны зил- гæйæ.— Æз хабæрттæ иууылдæр фехъуыстон. Цæй цъаммар у! æбузн адæймаг!.. Уадз сæ ныр уыйфæстæ уæздан, æгъдау- джын хæдзармæ цæуын! Хуыцауæй бузныг, æгайтма мын чыз- джытæ нæй! Фæлæ ды дæ-хæрзиуæг райсдзынæ, дæ цардыл кæй тыххæй н’ауæрдыс, уыцы сылгоймагæй. Ныфс дæ уæд, рæстæг- мæ æз мæхиуыл кæй хæцдзынæн, уымæй,— ныхас кодта уый дарддæр.— Æз мæхæдæг дæр уыдтæн лæппу æмæ куыстон æф- сæдты; зонын, уыцы хъуыддæгты хи тъыссæн кæй нæй, уый. Хæрзбон у. — Мæгуырæг, цин кæны, чызджытæ йын кæй нæй, ууыл... 261
— Æз ацыдтæн æмраст Вернермæ, баййæфтон æй сæхимæ æмæ йын радзырдтон хъуыддæгтæ сæрæй бынмæ иууылдæр — Верæ æмæ кънйазы чызгимæ куыд дæн, цы зæрдæ сæм дарын, сусæгæй цы ныхæстæм байхъуыстон, уыдонмæ гæсгæ мæ уыцы господатæ ахъазынмæ куыд хъавынц, афтид, æнæнæмыгифтыгъд дамбацатæй кæрæдзийы æхсын куыд кæнынц. Фæлæ хъуыддаг ныр цыдис хуымæтæджы хъазтæй дарддæр: уьтдон, æвæццæгæн, æнхъæл нæ уыдысты, хъуыддагæн пæ кæрон афтæ рауайдзæнис, уый. Дохтыр сразы .ис мæнæн секундант ныллæууыныл; æз ын бацамыдтон иукъорд хъуыддаджы лæгæй-лæгмæ хæсты æгъдауы æмæ фадæтты тыххæй: уый хъуамæ тынгæи ныллæууыдаид, хъуыддаг, гæнæн цас уыдис, уыйас æнæ хъæр, æнæ цъистæй, сусæгдæрæй цæмæй ацыдаид, ууыл, уый тыххæй æмæ æз мæ уд адзалмæ дæттынмæ кæд цыфæнды сахат дæр цæттæ дæн, уæддæр мæм мæ фидæны цард ацы дунейыл бынтон фехалыны зæрдæ æпнындæр нæ уыдис. Уыйфæстæ æз ацыдтæн мæ хæдзармæ. Иу сахат рацыди, аф- тæ дохтыр дæр æрыздæхтис йæ мннæварады балцæй. — Дæ ныхмæ сусæгвæнд ис, æнæмæнг,— загъта уый.— Æз баййæфтон Грушницкиймæ драгуйнаг капитаны æмæ ма но- джыдæр иу лæджы, йæ мыггаг ын нæ хъуыды кæнын. Æз иу минуты бæрц афæстиат дæн сенæйы, мæ къалостæ ласынмæ. Ахæм хъæр æмæ быцæу сæм уыдис, æмæ диссаг... «Нæй, ницæй тыххæй сразы уыдзынæн!—дзырдта Грушницкий,— уый мæ бафхæрдта адæмы ’хсæн; уæд хъуыддаг уыдис бынтон хи- цæн...» — «Æмæ дæу цы хъуыддаг ис? — зæгъгæ, йын дзуапп радта капитан,— æз алцыдæр мæхи ’вджид кæнын. Æз еекун- дант фæдæн фондз дуэлы æм,æ зонын, куыд æй хъæуы, уый. Ал- цыдæр мын хъуыдыгонд у. Æрмæст мæ, дæ хорзæхæй, хъыг ма дар. Фæтæрсын кæнын æвзæр нæу. Æниу цæмæн у адæймагæн йæхи тасы ’фтауын, фервæзæн дзы куы уа, уæд?..» Уыцы ми- нутыл æз бацыдтæн мидæмæ. Уыдон æвиппайды фæхъус сты. Нæ ныхэс ныддаргъ ис; фæстагмæ хъуыддаг мæнæ куыд алыг кодтам: ардыгæй иу-фондз версты æддæдæр ис дзæгъæл ком; уыдон ацæудзысты уырдæм райсом цыппар сахатыл, мах та ацæудзыстæм уыдонæй сахатырдæг фæстæдæр; кæрæдзийы æхс- дзыстут æхсæз санчъехмæ — ууыл дзырдта Грушницкий йæхæ- дæг. Мард чи фæуа, уый — черкесты æфсон фæуæд! Ныр ма мæ зæрдæ мæнæ цæуылты къæпп кæны: уыдон, ома, секунданттæ, æвæццæгæн, аивтой иучысыл сæ фыццаг пълан æмæ сæ фæнды сифтындзын нæмыгæй æрмæст Грушницкийы дамбаца. Уый у иу^ысыл лæг амарыны хуызæн хъуыддаг, фæлæ хæсты заманы, уæлдайдæр та ацы азиæгтимæ хæцгæйæ, хин митæ кæнын æм- 262
бæлы; æрмæст Грушницкий, æнхъæлдæн æмæ, иучысыл уæз- дандæр у йе ’мбæлттæй. Куыд дæм кæсы? Зонын сын кæнæм æви нæ, кæй сæ бамбæрстам, уый? — Уый а дунейыл ницæй тыххæй уыдзæнис, дохтыр! Дæ зæрдæ фидар уæд; ком сын нæ ратдзынæн. — Омæ уæдæ цы кæнынмæ хъавыс? — Уый мæ сусæггаг у. — Гъе, ма кæн, сайд дыл ма’рцæуæд... æхсæз санчъехмæ куы у! ’ — Дохтыр, æнхъæлмæ дæм кæсын райсом цыппар сахатыл; бæхтæ цæттæ уыдзысты... Хæрзбон. Изæрмæ æз фæбадтæн нæхимæ мæ уаты дуæрттæ мæхиуыл сæхгæнгæйæ. Кънйазы усæй мæм хонæг æрбацыди йæ лакей, æз ын загьтон: зæгъ ын, рынчын у, зæгъгæ. • ••••••..... У фæсахсæвæр дыууæ сахаты... хуыссæг мæ нæ ахсы... Ба- фынæй та уæвгæ хъæуы, райсом мæ къух куыд нæ риза, афтæ. Уæвгæ, æхсæз санчъехмæ зын фæивгъуийæн у. Гъе, господин Грушницкий! дæ хин, дæ сусæгвæнд дын нæ бантысдзæнис... мах нæ рольтæ ивгæ кæндзыстæм: ныр мæн бахъæудзæнис дæ фæлурс цæсгомыл сусæг тасы нысæнттæ агурын. Дæхæдæг дæ- хи дзыхæй цæмæн стæрхон кодтай уыцы æнамонд æхсæз сан- чъехы? Афтæ ’нхъæл дæ, æмæ дæм æнцад-æнцойæ æнæ быцæуæй бадардзынæн æз мæ ных... фæлæ нæ, мах хъуамæ хæлттæ сæп- парæм!.. æмæ уæд... уæд... цы нæ вæййы, йæ амонд æй, миййаг, куы ахæсса: ме стъалыйы хай мыл фæстагмæ сайдæй куы ра- цæуа?.. Уæвгæ, уый цы диссаг у: æнæзæрдæхудтæй мын бирæ, бирæ кæстæриуæг фæкодта, бирæ фæрæвдыдта мæ цыбæлдзи- нæдтæ, мæ мондагдзинæдтæ. Цы гæнæн ис? кæд мæлгæ — уæд мæлгæ! дуне дзы дæлбыл нæ фæуыдзæнис, миййаг; стæй мæхæдæг дæр дзæвгар схъыг дæн. Æз дæн, кафтизæры зæмбгæ чи кæны æмæ, йæ къарет кæй нæма ’рбацыднс, æрмæст уый тыххæй чи нæ цæуы сæхимæ хуыс- сынмæ, уыцы лæджы хуызæн. Фæлæ къарет цæттæ у... хæрзбон!.. Мæ хъуыдыты мидæг фæлгæсын æз, мæ ивгъуыд царды бон- тæ цы сты, уыдоныл æгасæй, æмæ бар-æнæбары дæр фæрсын мæхи: цæмæн цардтæн? Цæй тыххæй райгуырдтæн? Æвæццæ- гæн, истæй тыххæй, исты сæрæн уыдис мæ райгуырд, æмæ мыл, æвæццæгæн, уыдис бæрзондхæс æвæрд, уый тыххæй æмæ æз æнкъарын мæхимæ, мæ уды мидæг æнæкæрон тыхтæ... Фæлæ æз нæ бамбæрстон уыцы хæс, æз ацыдтæн афтид, æнæпайда æмæ æбузн бæллындзинæдтæ сайæнты фæдыл; уыдоны куынц- гомæй æз рацыдтæн æфсæйнагау фидар æмæ уазалæй, фæлæ мыггагмæ фесæфтон уæздан тырнындзинæдты цæхæр, царды 263
хуыздæр хуыз. Æмæ уæдæй фæстæмæ цал æмæ цал хатты уыд- тæн æз марæн фæрæт хъысмæты къухы! Марæн гарзы хуызæн- иу æз æрхаудтæн нысангонд нывондтæн сæ сæрыл, арæх-иу сæм мæ зæрдыл ницы маст, ницы хæрам дардтон, афтæмæй, фæлæ кæддæриддæр æнæхатыр, æнæтæригъæдгæнгæйæ. Мæ уарзондзинад амонд никæмæн æрхаста, уый тыххæй æмæ кæй уарзтон, уыдон сæраппонд мæхицæн зын никуы ницæмæй скод- тон; уыдон сæрвæлтау ницы нывонд хастон: æз уарзтон мæхи тыххæй, сæрмагонд мæхи æхсызгондзинады тыххæй; æз æрмæст цыдтæн мæ зæрдæйы фæндоныл, æфсæстон ын йе ’нахуыр хъæ- уындзинад, кæй уарзтон, уыдон æмбудæнтæ, уыдон фæлмæст- дзинад, уыдон циндзинæдтæ æмæ хъиамæттæ зыдныхъуырдгæн- гæ — æм,æ мын дзы бафсæдыны хъомыс никуы уыдис. Стон- джыйæ мæлæг дæр ма фæлладæй, стадæй афтæ бафынæй вæй- йы æмæ афтæ фæуыны йæ разы алы буц минас æмæ, сæр-сæргæ-; наг сæнтæ; уый цинæй мæлгæ æмпулы, йæ зонды чи хъазы, йæ цæстыл чи уайы, уыцы лæвæрттæ -æмæ йæм фæкæсы æнцондæр; фæлæ куыддæр райхъал вæййы, афтæ йæ дзæгъæл хъуыды фæ- тары вæййы... йæ фæстæ баззайы дывалыг стонг æмæ ныфссаст- дзинад. Æмæ, чи зоны, тæккæ райсом æз амæлон!.. æмæ зæххыл иу змæлæг дæр нал баззайдзæн, мæн æххæстæй, бынтон бæлвырд чи бамбæрста, ахæм. Иутæ мæ кæнынц .фыддæр, иннæтæ хуыз- дæр’, æцæг цы дæн, уымæй... Иутæ зæгъдзысты: мæнæй-уый уы- дис зæрдæхæлар лæппу, иннæтæ — цъаммар. Уыцы ныхæстæй иу дæр æмæ иннæ дæр уыдзысты мæнг. Уыйфæотæ ма цардыл фыдæбон кæнын исты у? Фæлæ уæддæр цæрые — къахæгау, цымыдисæй: æнхъæлмæ кæсыс ног цæмæдæр... Худæг æмæ хъы- гаг та куыд нæ у! * * * Æз N фидары куы дæн, уæдæй нырмæ рацыди мæй æмæ æрдæг; Максим Максимыч ацыдис цуаны... æз баззадтæн иунæ- гæй; бадын рудзьщджы раз; тар мигътæ бамбæрзтой хæхты сæ рæбыны онг; мигъы аууонæй хур-зыны бур стъæлфы хуызæн. Уазал; дымгæ æхситт æмæ змæлын .кæны фæрссæгтæ... Æн- къард у!.. Цæй, фыссон дарддæр мæ журнал, ауал æнахуыр ха- бары мын æрдæгфыстæй кæй ныууадзын кодтоп, уыцы журнал. Кæсын та ногæй фæстаг фарс: худæг у!— мæлынмæ хъа- выдтæн; нæй, уый гæнæн нæ уыдис; æз нырма йæ бындзарæй нæ аеур кодтон хъиамæтдзинæдты нуазæн æмæ ныр æмбудын, бирæ ма кæй фæцæрдзынæн, уый. Диесаг у, цы федтон, цы аивгъуыдта, уыдон иууылдæр джип- пыуагъдау куыд æргом, куыд бæрæгæй бадынц мæ сæры! Иу 264
хахх, иу æнгæсы дзы рæстæг нæ фехæлдта, нæ баихсийын кодта! Хъуыды ма йæ кæнын: лæгæй-лæгмæ хæст нын цы бон уыда- ид, уымæн йе ’хсæвы æз минут дæр нæ бафынæй дæн. Бирæ фыс- сын нæ фæрæзтон: мæ зæрдæ кодта сусæг тыхст. Сахаты бæрц уаты къуымты фæрацу-бацу кодтон; стæй сбадтæн æмæ рафæл- дæхтон мæ разы стъолыл Вальтер Скотты роман «Шотландаг пуритантæ»; фыццаг’æй æз кодтон тыхкаст, уыйфæстæ мæ æна- хуыр мысгæ таурæгъ æрæлвæста йæхимæ, æмæ æз мæхицæй дæр ферох дæн... Фæстагмæ срухс ис. Мæ маст æрсабыр. Æз бакастæн айдæн- мæ; мæ цæсгом уыдис тарфæлурс, ме ’хсæв тыхстæй, æнæхуыс- сæгæй кæй арвыстон, уый тыххæй; фæлæ мæ цæстытæ, кæд сæ алыварс морæ аууоны зиллаччытæ хъазыдис, уаэддæр кодтой хъал, æнæхатыр æрттывд. Æз баззадтæн мæхицæй бузныгæй. Бæхтыл сæргътæ сæвæрут, зæгъгæ, куы загътон, уæд мæ гæрзтæ акодтон æмæ азгъордтон найæнмæ. Нарзаны уазал фыцгæ доны ныгъуылгæйæ æз æмбæрстон, мæ буар æмæ мæ уды тыхтæ та мæм фæстæмæ куыд цæуынц, уый. Æз ваннæйæ ра- дыдтæн ногæй æмæ уæнгрогæй, хъазтмæ цæуæджы хуызæн. Гъе- уый фæстæ дзурут, буар удæн ницы у, зæгъгæ!.. Куы æрыздæхтæн, уæд æрæййæфтон нæхимæ дохтыры. Иæ уæлæ уыдис цъæх æнгом хæлаф — рейтуз, куырæт æмæ черке- саг худ. Æз мæ дзыхыдзаг ныххудтæн, чысыл лæджы дынджыр хъуынджын худы бын куы федтон, уæд; йæ цæсгом æппындæр хæстонхуыз нæу, фæлæ йын цы даргъ уыд, уымæй ацы хатт но- джыдæр ныддаргъдæр и. — Афтæ æнкъард цæмæн дæ, дохтыр?—загътон ын æз.— Æви ды иу-сæдæ хатты мæрдты бæстæм нæ афæндараст кодтай, миййаг, адæмы, æппын æнæ зæрдæрисгæйæ? Зæгъæм, æз дæн рынчын мастнизæй; чи зоны æмæ дзы фервæзон, науæд амæ- лон; сæ дыууæйæ диссаг иу дæр нæу; йæ низы хабар бæлвырд кæмæн нæма зоныс, ахæм рынчынмæ цы цæстæй фæкæсыс, ахæм цæстæй кæсыныл мæм архай, æмæ дæ уæд иттæг тынг æрфæнд- дзæнис, æз цы дæн, уый биноныг базонын; ныр дын фадат ис мæнмæ иукъорд ахъаззаг физиологон хъуыддагæй дæ цæст фæ- дарынæн. Æнæ адзал мæлæтмæ, тыхмард фæуын æнхъæлмæ кæсын цы хоныс ,ды,— æргом ннз нæу, миййаг? Уыцы хъуыды стыр днс фæкастис дохтырмæ æмæ тынг схъæлдзæг ис. Сбадтыстæм нæ бæхтыл; Вернер идоныл ныффидар ис йæ дыууæ къухæй, æмæ фæцагайдтам, — цæстыныкъуылдмæ стахтыстæм фидары фæрсты слабодкæйы уынгты æмæ уайтагъд комы балæууыдыстæм. Комы цыдис къæдз-мæдзы, здыхтытæ 265
фæндаг; уый уыдис æрдæгмæ арф кæрдæгæй æмбæрзт, æмæ йæ минутæй-минутмæ дзæнгæлтæ кодта хъæргæнаг мæсчъы дон; уыцы доны ивæнты хъуыдис цæхгæрмæ уайын: уый-иу дохтырæн ,уыди тынг хъыг, уымæн æмæ-иу йæ бæх алыхатт дæр доны ас- тæу ныллæууыди. Æз нæ хъуыды кæнын уымæй арвхуызцъæхдæр æмæ сыгъ- дæгдæр райсом! Хур йæ был чысыл сдардта хæхты цъæх цъуп- пыты чъылдымæй, æмæ йæ тынты фыццаг хъарм æхсæвы мæ- лæг уазалимæ кæй иу кодта, уый æфтыдта æнкъарæнтæн се ’ппæтыл дæр цавæрдæр адджын æхсызгон фæлмæстдзинад; ком- мæ нæма хæццæ кодта лæппын боны зæрдæрухс тын; уый сыз- гъæрины фæлыста, дыууæрдыгæй нæ сæрмæ ауыгъдæй цы ай- нæг къæдзæхтæ лæууыдис, æрмæст уыдон цъуппытæ, уыдон арф скъуыдты цы бæзсыф къудзитæ задис, уыдон-йу дымгæйы гæ- зæмæ баулæфтæй дæр мах фæкодтой æвзист къæвдайы бын. Хъуыды ма йæ кæнын,— уыцы хатт иннæ хæттытæй бирæ фыл- дæр æз уарзтон æрдз. Куыд цымыдис каст кодтон æз, сæнæфси- ,ры фæтæн сыфыл зыр-зыр чи кодта æмæ милуан арвы æрдыны хуызæн тынтæй чи хъазыдис, уыцы гыццыл æртæхы муртæй ал- кæмæ дæр! Куыд зыдæй архайдта мæ цæст фæлмдзыд дард бы- дыртыл ахæссыныл! Фæндаг уьщы ран кодта нарæгдæр, айнæг къæдзæхтæ цъæхдæр, тæосагдæр, стæй фæстагмæ, цыма кæрæ- дзийыл ныхæсгæ кодтой æмæ уыцы иу фидар сис фестадысты, афтæ зындысты. Цыдыстæм мах æнæдзургæйæ. — Дæ фæстаг уæсиат ныффыстай? — æвиппайды афарста Вернер. — Нæ! — Æмæ куы фæмард уай, уæд та?.. — Мæ бындартæ уæд сæхуыдтæг фæзындзысты. — Ау, æмæ фæстаг хатт «хæрзбон у», зæгъгæ, зæгъын дæ кæмæн фæнды, ахæм лымæнтæ дын нæй? Æз æм, нæй, зæгъгæ, мæ сæр банкъуыстон. — Ау, æмæ дунейыл ахæм сылгоймаг нæй, æмæ дæ йæ но- мыл исты ныууадзын кæмæн фæндид?.. — Фæнды дæ, дохтыр,— дзуапп ын радтон æз,— мæ зæр- дæйы цы ис, уый дын цæмæй раргом кæнон, уый?.. Цæвиттоны хъуыддагæй æз ахызтæн, иуæй-иу лæгтæ сæ уарзон сылгойма- джы ном дзургæйæ æмæ помадæйæ сæрст кæнæ æнæсæрст сæ- рыхъуынты бындзыг сæ лымæнæн фæдзæхсгæйæ куы а-мæлынц, уыцы карæй. Рæхджы, стæй мæ, чи зоны, æнæмæнг цы адзал æрæййафинаг у, уый тыххæй сагъæс кæнгæйæ æз кæнын æрмæст мæхи мæт: иуæй-иутæ нæ кæнынц уый дæр. Сомбон мæ чи фе- рох кæндзæнис, кæнæ, ноджы фыддæр, алыхуызон тугтæ мыл чи’рымысдзæнис, уыцы хæлæрттæ; иннæйы хъæбыс кæнгæйæ 266
мæныл худгæ чи кæндзæнис, уыцы сылгоймæгтæ, мардæй мыл æнæууæнк ма кæна, зæгъгæ,— хуыцау сын æгъгъæд фæуæдГ- Царды тыфылæй æз рахастон æрмæст цалдæр идейæйы — æн- къарæн та иунæг дæр нæ. Æз рагæй цæрын зæрдæйæ нæ, фæлæ сæрæй. Æз барын тæразæй барæгау сæрмагонд мæхи бæллын- дзинæдтæ æмæ митæ, кæнын сæ къæмæвзæрст, фæлæ искæн цæс- тæй кæсæгау. Мæ мидæг цæры дыууæ адæймаджы: иу дзы цæ- ры, куыд æмбæлы, а-фтæ, иннæ та ууыл хъуыды кæны æмæ ууыл тæрхон кæны; фыццаг, хъуамæ, сахаты фæстæ хæрзбон зæгъа дæуæн æмæ æгас дунейæн дæр мыггагмæ, дыккаг та... дыккаг?.. Скæс-ма, дохтыр: уыныс, уалæ къæдзæхыл рахизыр- дыгæй сау-сауид дарынц æртæ æндары? Уыдон, æнхъæлдæн, нæ фыдгултæ сты... Нæ бæхты базмæлын кодтам. Къæдзæхрæбын, къудзийы астæу бастæй лæууыдис æртæ бæхы; мах дæр нæхионты бабастам уыцы ран, нæхуыдтæг на- рæг къахвæндагыл уæлæмæ лæгъзмæ ссыдыстæм; уым нæм æн- хъæлмæ кастис Грушницкий, драгуйнаг капитан æмæ йæ иннæ секундант, Иван Игнатьевич кæй хуыдтой, уыимæ; йæ мыггаг ын никуы фехъуыстон. — Мах уæм рагæй æнхъæлмæ кæсæм,— загъта драгуйнаг капитан йæ мидбылты зынæрвæссон худт бакæнгæйæ. Æз систон мæ сахат æмæ йæм æй равдыстон. Уый хатыр ракуырдта, уæдæ мæ сахат æгæр размæ цæуыг зæгъгæ. Цалдæр зын минуты ныл ацыдис æнæсдзургæйæ; фæстагмæ дохтыр нал фæлæууыдис æмæ загъта Грушницкийæн: — Мæнмæ афтæ кæсы, господа, æмæ уæ дыууæйæн дæр уæ хæстæввонгдзинад равдисгæйæ æмæ уымæй уæ сæры кад йæ бынаты сæвæргæйæ гæнæн уаидГ иумæ баныхас кæнын, кæрæ- дзийы бамбарын, стæй уæд хъуыддаг «а»-'мæ «о»-йæ ахицæн кæнын. — Æз цæттæ дæн,— загътон æз. Капитан йæ цæст фæныкъуылдта Грушницкиймæ, æмæ уый дæр, йæ зæрдæйæ æз тæрсгæ кæнын, зæгъгæ, йæхи бахъалхуыз кодта, кæд уыцы минуты онг йæ рустæ тарфæлурс уыдысты, уæддæр. Куы ссыдыстæм, уæдæй фæстæмæ мæм нырма фыццаг хатт скастис йæ цæстытæй; фæлæ йæ каст уыдис куыддæр тыхст- хуыз, æвдыста йын йæ зæрдæйы тох, хъуырдухæндзинад. — Бамбарын мын кæн дæ фæндондзинад,— загъта уый,—’ æмæ мæ бон цыдæриддæр у, уый æз дæу тыххæй бакæндзынæн,. бауырнæд дæ... — Мæнæ дын, уæдæ, мæ фæндондзинад: ды тæккæ абон 267
хъуамæ басæттай адæмы раз, фыдном мæ кæй кодтай, ууыл, æмæ мæ ракурай хатыр... — Хорзæхджын æлдар, дис мæм кæсы, ахæм ныхæстæ мæм куыд æрбауæндыдтæ, уый?.. — Æмæ дын уæдæ цы загьтаин уымæй фæстæмæ?.. — Мах хъуамæ фехсæм кæрæдзийы. Æз ме уæхсчытæ фелхъывтон. — Хъуамæ; æрмæст ахъуыды кæн — нæ дыууæйæ иу æнæ- мæнг уыдзæнис мард. — Мæн фæнды, уый ды куыд уай... — Мæн та тынг фидарæй уырны,— иннæрдæм кæй уыдзæ- нис, уый... Грушницкий хорзау нал фæцис, фæсырх ис, стæй æнæбары ныккæл-кæл кодта. Капитан ын йæ цонгыл ныххæцыдис æмæ йæ иуварс акодта; уым дзæвгар иумæ фæсусу-бусу кодтой. Æз ссыдтæн фаг хæ- ларзæрдæ æмæ фидыдæргомæй, фæлæ йæ митæм æрра кæнын райдьщтон. Дохтыр мæ цурмæ æрбацыдис. — Байхъус-ма,— загъта уый æргом тыхстхуызæй,— сыгъдæ- гæй дæр дæ ферох ис, фæнд дыл кæй кодтой, уый?.. Æз нæ зо- нын, дамбаца куыд сифтындзын хъæуы, уый, фæлæ уыцы хъуыд- даджы тыххæй... Диссаджы адæймаг дæ! Зæгъ сын, кæй сын зоныс сæ фæнд, æмæ иу сыпп дæр нал суæнддзысты... Уанцон нæу! Цъиуы мард дын æрбакæндзысты... — Табуафси, дохтыр, мæт ма кæн, стæй уал фæлæуу... Æз хъуыддæгтæ иууылдæр афтæ сараздзынæн, æмæ сын пайда æп- пындæр ничердыгæй рауайдзæнис. Бауадз сæ асусу-бусу кæ- нын... •.-! . — Господа! ай циу, куы бафæлмæцыдыстæм!—загътон æз хъæрæй.— Кæд хæцгæ,— уæд хæцгæ; знон уæ фаг нæ уыдис дзурынæн?.. — Мах цæттæ стæм,— дзуапп радта капитан. - -^- Слæуут, господа! Дохтыр, табуафси, абарут æхсæз сан- чъехы... — Слæуут! — загъта дыккаг хатт Иван Игнатьевич хъыс- хъысгæнаг хъæлæсæй. . — Фæлæуут!—загътон æз,— ноджыдæр ма иу дзырд; адза- лы хæст кæй уыдзæнис нæ хæст, ’уымæ гæсгæ мах хъуамæ цы- дæриддæр бакæнæм, хъуыддаг сусæгæй цæмæй баззайа, стæй нæ секунданттæ азымджын цæмæй нæ уой, уый тыххæй. Разы стут æви нæ?.. — Тынг разы! — Гъеуæдæ æз мæнæ цы ’рхъуыды кодтон. Уынут мæнæ ацы 268
айнаег къæдзæхы цъуппыл рахизырдыгæй нарæг фæз. Уырды- г2ей бынмæ уыдзæнис иу-æртын «сардзины æппынкъаддæр; бы- яæй дзы цыргъ дуртæ. Алчидæр нæ слæудзæнис фæзыл, тæккæ былгæран; æмæ афтæмæй цыфæнды рог цæф дæр уыдзæнис мæ- лæтдзаг цæф: уый хъуамæ афтæ уа уæхи фæндонмæ гæсгæ, уый тыххæй æмæ æхсæз санчъехы уæхуыдтæг загътат. Цæф чи фæуа, уый æнæмæнг асхъиудзæнис дæлæмæ æмæ лыстæг пырх ныууыдзæнис; йæ нæмыг ын дохтыр сисдзæнис, æмæ уæд тынг æнцон уыдзæнис йе ’виппайды мард æнарæхст агæппы ’фсон фæкæнын. Мах сæппардзыстæм хæлттæ, раздæр чи æхса, уый тыххæй. Нæ фехъуыстон ма зæгъут, афтæ куы нæ уа, уæд æз нæ хæцын. — Хъуамæ! — загъта капитан Грушницкиймæ æмбарæн каст бакæнгæйæ, уый дæр йæ сæр æркъуырдта, разы дæн, зæгъгæ. Иæ цæсгом кодта уысмæн раив-баив. Æз æй сæвæрдтон зын раны. Æнæуый хуымæтæджы раст уагыл æхсгæйæ уымæн уыда- ид хъавæн мæ къахмæ, мæнæн рог цæф фæкæнæн æмæ афтæ- мæй йæ маст сисæн, мæ тæригъæды æгæр нæ бацæугæйæ, фæлæ ныр уый хъуыдис хæрдмæ ’хсын, кæннод та лæг марын, науæд та, æппьгнфæетаг, йæ цъаммар фæнд бынтон ныууадзын æмæ мемæ æмхуызон тасы бацæуын. Уыцы минутыл æм æз нæ ба- бæллыдаин. Уый капитаны иуварс акодта æмæ йын тынг зæр- диагæй райдыдта цыдæр дзурын; æз федтон, йæ былтæ кæй ныцъцъæх сты æмæ зыр-зыр кæй кодтой, уый; фæлæ дзы капи- тан йæхи иннæрдæм фæзылдта, былысчъил худт бакæнгæйæ. «Ды æдылы дæ! — загъта уый Грушницкийæн фаг хъæрæй,— ницы ’мбарыс!.. Цæй, араст уæм уæдæ, господа!» Нарæг къахвæндаг цыдис къудзиты ’хсæнты къардиуы сæр- мæ; къæдзæхы згъæлæнтæ уыдысты уыцы æрдзон асинæн йæ тæссонд къæпхæнтæ; къудзитыл хæцгæ мах байдыдтам хæрдмæ бырын. Грушницкий цыди разæй, йæ фæстæ — йæ секунданттæ, уыдоны <фæстæ та — мах дохтыримæ. — Æз дыл дис кæнын,— загъта дохтыр, йæхæдæг мын мæ къух тынг цæлхъывта.— Æри-ма, дæ пульс дын басгарон!.. О-гъо! афтæ цæвы, цыма дыл ризæг ис!.. фæлæ дæ цæсгомыл ницы бæрæг ис... æрмæст дæ цæстытæ æрттнвынц иннæ хæтты- тæй ирддæр. Æв’иппайды лыстæг дуртæ хъæргæнгæ æргæр-гæр кодтой нæ къæхты бынмæ. Ай цну? Грушницкий фæкалдис; цы къалиуыл ныххæцыди, уый æрсастис, æмæ лæг уæлгоммæ атылдаид бын- мæ, йæ секунданттæ йыл куы нæ фæхæцыдаиккой, уæд. — Дæхи хъахъхъæ! — схъæр кодтон æз, — рагагъоммæ ма хау: уый æвзæр нысан у. Юлий Цезæры æрхъуыды кæн! Уалынмæ схæццæ стæм, æддæмæ сынæгау чи дардта, уыцы 269
айнæджы сæрмæ; йæ фæз уыди лыстæг эмисæй æмбæрзт, цыма йæ дуэлæн барæй афтæ ачындæуыдис, уыйау. Алырдыгæй рай- сомы сызгъæрин мигъы ныгъуылгæйæ гуылвæндтæ кодтой хæхты, цъуппытæ æнæнымæц дзугау, æмæ Эльбрус урс уæйыгау хусса- рырдыгæй фæлгæсыдис фæйнæрдæм æмæ æлхынцъ кодта, æх- гæдта, хурыскæсæнæй æрбалидзæг фæскъауæнгæс мигътæ цы ихсæр бæрзæндты ’хсæн ралæс-балæс кодтой, уыдоны рæхыс. Æз бацыдтæн фæзæн йæ былмæ æмæ акастæн дæлæмæ, чысыл ма бахъæуа мæ сæр ма разила: уыцы ран бынæй зындис ингæ- нау талынг æмæ уазал; къæдзæхты хъуынавæрд сиучытæ, тæрк- къæвдатæ æмæ рæстæг кæй раппæрстой, уыдон æихъæлмæ кас- тысты сæ амæттагмæ. Цы фæзы хæцинаг уыдыстæм, уый уыди раст æртæтигъон тъæпæн. Æддæмæ дзы цы тигъ ацыдис, уымæй абарстам æхсæз^ санчъехы æмæ бауынаффæ кодтам, знаджы топпы ныхмæ раз- дæр лæугæ кæмæн æрцæуа, уый хъуамæ слæууа фæзæн йæ тæк- кæ тигъыл йæ чъылдым былырдæм здæхтæй: кæд уый нæ фæ- мард уа, уæд знæгтæ аивдзысты сæ бынæттæ. Æз сфæнд кодтон, алцæмæй дæр Грушницкийæн пандадæр куыд уыдаид, афтæ бакæнын; «фæндыдис мæ йæ бафæлварын; йæ зæрдæйы хъуамæ райхъал уыдаид хатырдзинады цæхæр,. æмæ уæд хъуыддæгтæ иууылдæр хуыздæрырдæм ацыдаиккоп; фæлæ йæ хиуарзондзинад æмæ йæ зæрдæйы ахасты лæмæгъдзи- над хъуамæ фæуæлахиз уыдаиккой... Мæ амонд мæ куы фервæ- зын кодтаид, уæд мæ зæрды афтæ уыдис æмæ йын æппындæр тæригъæд, хатыр куыд нæ бакодтаин. Ахæм бадзырдтæ чи нæ кодта йæ намыс, йæ цæсгомимæ? — Хæлттæ сæппар, дохтыр! — загъта капитан. Дохтыр систа йæ дзыппæй æвзист æхца æмæ йæ хæрдмæ сдардта. — Сыхырна! — фæхъæр кодта Грушницкий тагъдгомау, хæ- лары схуыстæй сонт хъал чи равæййы, уыцы лæджы хуызæн. — Цæргæс! — загътон æз. Æхца хæрдмæ зилгæ фæцыдис æмæ, дзинг, зæгъгæ, фæстæмæ æрхаудис; иууылдæр æм сæхи бакалдтой. — Ды амондджын дæ,— загътон æз Грушницкийæн,— фыц- цаг æхсты бар дæу у! Фæлæ дæ зæрдыл дар, куы нæ мæ амарап,. уæд дæ æз кæй нæ фæивгъуийдзынæн, уый,— æууæнк дын дæт- тын. Уый ныссырх и-с; йæ сæрмæ нæ хаста æнæгæрзтæ лæджы амарын; æз æм кастæн æдзынæг; минуты бæрц мæм афтæ кастис, æмæ мын цыма гъеныртæккæ къахыл кувæг фæуыдзæн, нкббарут мын, зæгъгæ, курдзæн; фæлæ, цæй, куыд басæтта, ахæм æнахъинон фæнд æм кæй ис, ууыл?.. Уыдис ма йын æр- 270
мæст иу фæрæз: хæрдмæ фехсын; æз æнхъæл уыдтæн, хæрдмæ фехсдзæнис, зæгъгæ! Афтæ бакæнынæй йæ æрмæст иу хъуыддаг баурæдтаид: дыккаг хатт æй -куы хæцын кæнон, уый. — Афон у! — зæгъгæ, мын дохтыр æрбадзырдта мæ хъусы, мæ дыс ивазгæйæ,— гъеныртæккæ сын куы нæ зæгъай, сæ фæнд- тæ сын кæй зонæм, уый, уæд хъуыддаг æгасæй дæр сæфт у. Кæс-ма йæм, уæртæ ифтындзы... ды йын куы ницы зæгъай, уæд æз мæхæдæг... — Æппындæр ницæй тыххæй, дохтыр! — дзуапп ын радтон æз фæстæм’æ йæ йæ цонгæй уромгæйæ.— Хъуыддаг æгасæй дæр фехалдзынæ; дзырд мын куы радтай, хъыг мæ кæй нæ дардзы- нæ, уымæй... цы хъувддаг дæ ис? Чи зоны, кæд мæ мард фæ- уын фæнды, уæд та... Уьгй мæм æрбакастис дисгæнгæйæ. — О, уый æндæр хъуыддаг у... æрмæст мæ-иу мæрдты ма рахъаст кæн... Уалынмæ капитан сифтыгъта йæ дамбацатæ, иу дзы радта Грушницкиймæ, худæнбылæй йьш йæ хъусы цыдæр загъта, аф- тæмæй; иннæ та — мæнмæ. Æз слæууыдтæн фæзæн йæ тæккæ тигъыл галиу къах дурмæ фидар’ саразгæйæ æмæ иучысыл размæ æргуыбыргæнгæйæ, рог цæф фæуæвгæйæ уæлгоммæ цæмæй нæ ахаудаин, уый тыххæй. Грушницкий слæууыдис мæ комкоммæ æмæ, йын нысан лæ- вæрд куыд уыдис, уымæ гæсгæ райдыдта дамбаца уæлæмæ нсын. Иæ уæрджытæ рызтысты. Хъавыдис мын мæ тæккæ ныхмæ... Мæстæй мæ туг сфыхти. Æвиппайды дамбацайы дзых дæлæмæ æруагъта æмæ ци- къæйæ фæлурсдæр ныууæвгæйæ фездæхтис фæстæрдæм йæ се- кундантмæ: — Мæн бон нæу,— загъта уый йæ ныхас гæзæмæ хъуыс- гæйæ. — Тæппуд! — зæгъгæ, йын дзуапп радта капитан. Гæрах фæцыдис. Нæмыг мын фæцъæррæмыгъст кодта мæ уæ- раг. Æз æнæбары бакодтон размæ цалдæр санчъехы, былæй мæхи тагъддæр байсон, зæгъгæ. — Гъе, ’фсымæр Грушницкий, æвгъуаг у, кæй фæсыкк дæ, уый! — загъта капитан,—ныр дæ рад у, слæуу! Раздæр уал мæ дæ хъæбысы акæн: кæрæдзийы нал фендзыстæм! — Уыдон кæ- рæдзийы ахъæбыс кодтой; капитан тыххæй урæдта йæ худæг.— Тæрсгæ ма кæн, готлекк,— бафтыдта уый йæ ныхæстыл, йæхæ- дæг æм хин каст бакодта,— дунейыл алцыдæр мæнг у!.. Æрдз — æдылы, хъысмæт — сылгогыз, цард та — капекк у! Уыцы æнтъыснæг, фæлæ куыд æмбæлд, афтæ барджынæй 271
загъд ныхæсты фæстæ уый айста йæхи йæ бьгнатмæ; Иван Иг- натьевич дæр йæ цæстысыгтæ калгæйæ йæ хъæбысы ныккодта Грушницкийы, æмæ уый аззадис иунæгæй мæ комкоммæ. Æз ныронг архайын, мæ риуы цыхуызæн æнкъарæн фыхтис, уый мæхицæн бамбарын кæныныл: иуæй мæм кастис хъыг мæ сæры кады, мæ хиуарзондзинады æфхæрд, иннæмæй кодтон хæрам æмæ мæсты, ныр, афтæ фидарæй, æнцад къæйныхдзинады каст мæм чи кæны, уыцы лæг дыууæ минуты размæ, йæхицæн ннцы тас уæвгæйæ, мæн куыдзы мард акæньгнмæ кæй хъавыдис, уы- мæн æмæ мæ уæраг тынгдæр куы фæцæф уыдаид, уæд мын къæ- дзæхæй æ,нæмæнг æнæ асхъиугæ нæ уыд, уый-иу куы ахъуыды кодтон, уæд. Æз ын иу-цалдæр минуты æдзынæг фæкастæн йæ цæсгом- мæ, кæд æппын ыл фæомондзинады рог фæд уæддæр раиртасин, зæгъгæ. Фæлæ мæм афтæ фæкасти, цыма уый йæ мидбылхудт уромгæ кодта, уыйау. — Æз дын фæнд кæнын дæ мæлæты размæ хуыцауæн баку- вын,— загътон ын уæд æз. — Мæ уды мæт ма кæн дæхи удæй фылдæр. Иунæг хъуыд- даг дæ курын: æхсгæ тагъддæр. — Гъемæ уæдæ сæттыс, хахуыр мыл кæй бакодтай, ууыл?.. Хатыр мæ нæ курыс?.. Ахъуыды кæн дзæбæх; дæ цæсгом, дæ намыс дæм æппын ницы дзуры? — Господин Печорин!—фæхъæр кодта драгуйнаг капитан,— ды ам уый тыххæй нæ дæ, æмæ иокæмæн йæ тæригъæдтæ æргом кæнын кæнай, бахатыр кæн, фæлæ... Цæй, тагъддæр фæуæ^м; кæннод, афтæ нæу, комы исчи рацæудзæнис — æмæ нæ фендзæ- нис. . .,—. Хорз. Дохтыр, ардæм-ма рацу. Дохтыр мæ’м æрбацыдис. Мæгуыр дохтыр! Уый уыдис, Груш- ницкий дæс минуты размæ цы фæлурс уыд, уымæй фæлурсдæр. Айфæстæ цы ныхæстæ ис, уыдон æз загътон барæй уæззау- гомау, фæлæуу-фæлæугæнгæ, хъæрæй æмæ æмбаргæ, мæлæты тæрхон кæсæгау. — Дохтыр, ацы господаты, æвæццæгæн, фыртагъдæй ферох ис мæ дамбацайы нæмыг цæвæрын: курын дæ, æмæ мын æй ног слфтындз,— æрмæст хорз! — Афтæ нæ уыдзæн! — хъæр кодта капптан,— нæ уыдзаен афтæ! Æз сифтыгътон дыууæ дамбацапы дæр; дæууонæй нæ- мыг кæд фæстæмæ тулгæ ракодта, уымæн ницы зонын... Уый мæ аххос нæу!—Дæуæн та дæ бон нæу дамбаца ногæй ифтын- дзын... дæ бон нæу æппындæр... уый у бынтондæр уагæвæрды æваст хъуыддаг; нæ дæ бауадздзынæн... — Хорз! — загътон æз капитанæн,— кæд афтæ у, уæд нæ 272
дыууæ дæр фехсæм кæрæдзийы раст гъеуыцы ’гъдауыл... Уый баджис-къус кодта. Грушницкий лæууыдис йæ сæр йæ риуыл уагъдæй, къæм- дзæстыг æмæ тарæй. — Ныууадз сæ! — загъта уый фæстагмæ капитанæн, мæ дам- баца дохтыры къухæй ратонынмæ чи хъавыдис, уымæн...—Дæ- хæдæг куы зоныс, уыдон раст кæй сты, уый. Дзæгъæлы ма йын æмбарын кодта капитан алы нысæнт- тæн,— Грушницкийы сæм кæсын дæр нал фæндыдис Уалынмæ дохтыр дамбаца сифтыгъта æмæ йæ радта мæнмæ. Уый ауынгæйæ капитан нытту кодта æмæ æркъуырдта зæх- хыл йæ къах: «Фаг æдылы дæ, æфсымæр,— загъта уый,— æнæ- уаг æдылы!.. Дæхи ме ’вджид бакодтай, уæд мæм хъус алцæ- мæй дæр... Цы аккаг дæ, гъеуый дын! Ныххæдмæл у бындзы хуызæн ныр уым...» Йæхæдæг фездæхта йæ чъылдым æмæ рацы- дис хъуыр-хъуыргæнгæ: «Фæлæ уæддæр уый у бынтондæр уа- гæвæрдты æваст хъуыддаг». — Грушницкий!—загътон æз,— рæстæг ма дын ис; дæ ха- хуырыл басæтт, æмæ дын алцыдæр барст. Дæуæн нæ бантыс- тис мæн æдылыйы бынаты сæвæрын/ æмæ æз мæ сæры кадæн, мæ хиуарзондзинадæн гъеуый ханын æгъгъæд; æрхъуыды кæн,— мах кæддæр цардыстæм демæ хæларæй... Йæ цæсгом ссыгъдис, йæ цæстытæ ферттывтой. — Æхс! — дзуапп радта уый.— Æз мæхиуыл æлгъ кæнын, дæуæй та ме сæфт уынын. Куы нæ мæ амарай, уæд дæ æхсæ- выгон фæскъуымæй æргæвдгæ кæндзынæн. Нæ дыууæйæн иумæ зæххыл бынат нæй... Æз фехстон, уæдæ цы уыдаид... Фæздæг фæйнæрдæм куы фæпырх ис, уæд Грушнпцкий фæ- зы нал уыднс. Æрмæст ма рыджы рог цæджындзговд зылдис къардиуы былгæрон. Æмхуызонæй дæр уыциу хъæр фæкодтой. — РтИа 1а сотесПа!35 — загътон æз дохтырæн. Уый ницы сдзырдта æмæ удаистæй пннæрдæм аздæхтис. Æз ме уæхсчытæ фелхъывтон æмæ загътон хæрзбон Груш- нпцкийы секунданттæн. Къахвæндагыл дæлæмæ куы ’рцæйцыдтæн, уæд æз къæдзæхы скъуыдты ’хсæн ауыдтон тугæрхæмттæй Грушницкийы мард. Мæ цæстытæ ацъынд сты... Мæ бæхы баст райхæлдтон æмæ йæ æнцад цыдæй ауагътон нæхнрдæм. Мæ зæрдæйы лæууыдис уазал дур. Хур мæм зындпс тарæй, йæ тынтæ мæ нæ тазтой. Комедн ахнцæн нс! 18 М. Ю. Лермонтов 273
Слабодкæмæ нæма бахæццæ дæн, афтæ æз фæзылдтæн ра- хнзырдаам комы. Адæймаджы уынд мын уыдаид зын: фæнды- ди мæ иунæгæй фæуын. Бæхæн йæ идон йæхи бар ауадзгæйæ^ мæ сæр мæ риуыл æруадзгæйæ æз фæцыдтæн бирæ; фæстагмæ* фестадтæн бынтон æнæзонгæ ран; æз бæхы фæстæмæ фездæх- тон æмæ райдыдтон фæндаг агурын; хур ныгуылын байдыдта„ æз бастайгæйæ мæ фæллад бæхыл Кисловодскмæ куы бахæц- цæ дæн, уæд. Мæ лакей мын загъта, Вернер мæм æрбацыдис, зæгъгæ, æмæ- мæм æрбалæвæрдта дыууæ уацфысты; иу Вернерæй, иннæ та.... Верæйæ. Æз райхæлдтон фыццаджы; уыди дзы афтæ фыст: «Алцыдæр конд æрцыд, хуыздæр куыд уыдис, афтæ: мард æрластой, базонæн æй нал уыдис, афтæмæй, нæмыг риуæй сис- той. Иууылдæр ын йæ адзал кæнынц æнæнхъæлгæ фыдбылызы аххос, æрмæст комендант, æвæццæгæн уын уæ хылы хабар чи зыдта, уый батылдта йæ сæр, фæлæ зæгъгæ ницы кодта. Дæу цæмæй базылын чындæуа, ахæмæй хъуыддаджы æппындæр ни- цы ис, æмæ дын ис амал дæхицæн æнцад-æнцойæ хуыссæн... кæд фæразыс, уæд... Хæрзбон»... Æз иудзæвгар нæ хастон мæ ныфс дыккаг уацфыст райха- лынмæ... Цы мæм хъуамæ фыстаид уый?.. Уæззау сусæг æн- къарындзинад мын цоппай кодта мæ зæрдæ. Мæнæ гъеуыцы уацфыст, йæ алы дзырд дæр мæ зæрдæйы арф кæмæн ныххызтис æмæ ферох кæнæн кæмæн нæй: «Æз фыссын дæумæ, æппындæр кæрæдзийы никуыуал фен- дзыстæм, зæгъгæ, уый æнхъæлæй., Цалдæр азы размæ дæр ма дауимæ хицæнгæнгæйæ æз афтæ ’нхъæл уыдтæн; фæлæ арвы ба- фæндыдис мæн дыккаг хатт бафæлварьгн; æз нæ бафæрæзтон уыцы фæлварындзинад бауромын, мæ лæмæгъ зæрдæ та ногæй фæтасыд, басаст йæ зонгæ хъæлæсæн... ды мыл сæрыстыр нæ- кæндзынæ^ уый тыххæй, раст нæ зæгъын? Ацы уацфыст уыдзæ- нис фæстаджы, дæуæн хæрзбон зæгъыны æмæ мæ зæрдæйы су- сæгдзинæдтæ æргом кæныны уацфыст: æз дын хъуамæ зæгъон^ мæ зæрдæ дæу кæдæй уарзы, уæдæл нырмæ дзы цы сгуппар,. уыдон иууылдæр. Дæу азымы дарæг мæхи æз не скæндзынæн — ды мын бакодтай, алы æндæр нæлгоймаг дæр мын цы ми ба- кодтаид, уый; ды уарзтай мæн сæрмагонд хи нсы хуызæн, кæ- рæдзийы ивгæ чи цæуы, æмæ æнæ уыдон цард æнкъард, иухуы- зон кæй тыххæй уаид,— цин, катай æмæ хъыг — гъеуыдон æв- зæрæн, уыдон суадон æз цыма уыдтæн, афтæ. Æз уый бамбæр- стон райдианы... Фæлæ ды уыдтæ æнамонд, æмæ дын æз мæхи снывонд кодтон, ныфс мæ уыдис, искуы мын мæ нывондæн аргъ скæндзынæ, искуы бамбардзынæ, æппын æнæ истæмæ гæсгæ 274
дæм стыр фæл.мас зæрдæ кæй дардтон, уый. Ацыдис уæдæй нырмæ бнрæ рæстæг: æз дын базыдтон дæ уды, дæ сусæгдзинæд- тæ æгасæй дæр... æмæ мæ бауырныдта, мæхицæн дæ дзæгъæл ныфс кæй æвæрдтон, уый. Стыр маст мын уыдис уыцы хъуыд- даг! Фæлæ мæ уарзондзинад у тугныхæст мæ удыл, уый батар нс, фæлæ хуысгæ нæ бакодта. Мах кæрæдзийæ цух кæнæм мыггагмæ; фæлæ дæ уырнæд, æндæры кæй ннкуы уарздзынæн, уый: мæ уд дыл сихсийын код- та йæ хæзнатæ æгасæй дæр, йæ цæстысыгтæ æмæ йæ ныфсытæ. Дæу иу хатт чи уарзта, уымæн нæй иучысыл æнæ сæрыстырæй иннæ нæлгоймæгтæм кæсæн, уыдонæй хуыздæр дæ, уый тыххæй, мнййаг, æппындæр нæ! фæлæ де’рдзы ис хицæн цыдæр, иунæг дæумæ цы ис, ахæм хъал, сæрæмбæрзт цыдæр; дæ хъæлæсы хатты, цыфæнды дæр дзур, ис æнæбасæтгæ барад: ничи зоны дæуæй æддæмæ, æдзухдæр æй цæмæй уарзой, уымæ афтæ бæл- лын; мæстыдзинад афтæ дзæбæх, афтæ аив никæуыл фидауы; никæй цæстæнгас æвæры зæрдæ уыйбæрц тæхудиагдзинæдтæй; ничи арæхсы хуыздæр пайда кæнын йæ уæлдай хъарутæй, æмæ хъуамæ мачп уа дæ хуызæн æцæг æнамонд, уый тыххæй æмæ дæу бæрц ничи архайы, уыдон афтæ не сты, зæгъгæ, йæхи ууый баууæндын кæныныл. Ныр дын хъуамæ æз бамбарын кæнон, афтæ тагъд цæмæ гæсгæ иæуын, уый; мæ цыд дæумæ фæкæсдзæнис ницæйаг хъуыддаг, уый тыххæй æмæ у иунæг мæхи уды хъуыддаг. Абон мæм райсомæй æрбацыди мæ мой æмæ мын радзырд- *та, Грушницкпимæ кæй фæхыл дæ, уый хабар, æвæццæгæн, æмæ мæ цæсгом тынг афæлывта, уый тыххæй æмæ мын уый би- рæ æмæ æдзынæг фæкастис мæ цæстытæм, æз, чысыл ма ба- хъæуа, ма ’рхауон уадзыгæй, абон дæ хæцын кæй хъæудзæнис æмæ уæ хæст мæ аххосæй кæй у, уый куы ахъуыды кодтон, уæд; афтæ мæм кастис, æмæ сæрра уыдзынæн... Фæлæ ныр мæ зонд мæхимæ куы’рцыдис, куы æрæмбæрстан, уæд мæ уырны, ды æгас кæй баззайдзынæ, уый: нæй дæуæн æнæ мæн амæ- лæн! Мæ мой бирæ фæрацу-бацу кодта уаты иу ранæй иннæ ранмæ; æз нæ зонын, цы мын дзырдта, уый, нæ хъуыды кæнын, цы дзуаппытæ йын лæвæрдтон, уый... æвæццæгæн ын загътон, дæу кæй уарзын, уый... Æрмæст ма уый хъуыды кæнын—ны- хасгонд куы фестæм, уæд мæ æвзæр, æнаккаг ныхасæй кæй бафхæрдта æмæ æддæмæ кæй ацыдис. Æз фехъуыстон, къарет куыд ифтындзын кодта, уый... Ныр мæнæ æртæ сахаты у, æз рудзынджы раз куы бадын æмæ дæ раздæхын^æ æнхъæлмæ куы кæсын, уæдæй нырмæ... Фæлæ ды æгас дæ, дæуæн амæлæн нæй!.. Къареты ма чысыл хъæуы цæттæмæ... Хæрзбон у, хæрз- юон... Æз фесæфтæн,— фæлæ цæмæн хъæуын æз?.. Мæн куы 275
уырнид, æдзухдæр мæ дæ зæрдыл кæй дардзынæ,— уарздзынæ,. зæгъгæ, нæ зæгъын,— нæ, æрмæст мæ дæ зæрдыл кæй дардзынæ^ уый... Хæрзбон; æрбацæуынц... æз хъуамæ уацфыст бамбæхсон... Æцæг нæ зæгъын, ды Мерийы нæ уарзыс, зæгъгæ? Нæ йæ- ракурдзынæ?—Байхъус-ма, ды хъуамæ гъеуыцы нывонд æр- хæссай мæн тыххæй: æз ацы дунейыл — дæу тыххæй фесæфтон алцыдæр...» Фæлхæрсты хуызæн тыргъмæ ралиуырдтон, фæгæпп кодтон мæ Черкесмæ, кæрты ралас-балас кæй кодтой, æмæ мæ тых-мæ бонæй фæцагайдтон Пятигорокы фæндагыл. Æз æнауæрдон тард кодтон мæ фæлмæцыд бæхы, уый дæр мæ хуыр-хуыргæнгæ- æмæ фынккалгæ скъæфта дурджын фæндагыл дæлæмæ. Хур бамбæхстис, ныгуылæн хæхты рагъыл йæ фæллад чи" уагъта, уыцы сау мигъы мидæг; комы уыднс талынг æмæ уы- мæл. Подкумок дуртыл згъоргæйæ кодта уыцы иухуызон æмыр хъæр. Æз уадтæн, мæ фыртагъдæп, ме ’нæхъæцынæй æнудгæн- гæ. Пятигорскы йæ куы нæ баййафон, зæгъгæ, мын уый мæт дзæбугау хоста мæ зæрдæ. Иу минут, æрмæст иунæг минут ма йæ уæддæр фен, хæрзбон ын зæгъ, йæ къухыл ын фæхæц... Æз куывтон, æлгъыстон, «уыдтон, худтæн... нæй, уыдонæй иу дæр фаг нæу, мæ тыхст, мæ ныфссастдзинад зæгъынæн!.. Мыггагмæ пæ куы фесафон, уый тасæй мын Верæ ссис, дунейыл цы ис, уыдонæй æппæтæй дæр зынаргъдæр,— о, зынаргъдæр мæ цар- дæй, мæ кадæй, мæ амондæй! Хуыцау зоны, цыхуызæн æна- хуыр, цыхуызæн æрра хъуыдытæ гуылвæндтæ кодтой мæ сæры... Фæлæ уæддæр æз мæ уады кой кодтон, бæхы æнауæрдон тард кæнгæйæ.— Æмæ æз фиппайын байдыдтон, мæ бæх уæззаудæр кæй улæфыдис, уый; иу-дыууæ хатты мын кæлгæ дæр фæкодта лæгъз раны... Хъуыдис ’ма мæ фондз версты хъазахъхъы стани- цæ Ессентукмæ— уым мын уыдис æндæр бæхыл сбадыны амал. Хъуыддæгтæ иууылдæр арæзт уыдаиккой, мæ бæхæн ма йæ- хъару иу-дæс минуты фаг уæддæр куы суыдаид, уæд. Фæлæ- æвиппайды хохæй рахизгæйæ чысыл æрхы куы фæхæрд кодтон, уæд цæхгæр фæзилæны бæх уыциу гуыпп нылласта зæххыл. Æз цырд рагæпп кодтон, архайын ыл сыстын кæныныл, ивазын идон — ницы: йæ хъæрзын ма гæзæмæ райхъуыстис йе ’ндæгъд дæндæгты æхсæнæй: цалдæр минуты фæстæ амардис; æз баз- задтæн быдыры иунæгæй мæ фæстаг ныфсæй бавдæлон уæв- гæйæ; афæлвæрдтон фистæгæй цæуыныл — мæ уæрджытæ фæ- дыдагъ сты; боны цоппайæ æмæ æнæхуыссæгæй фæлмæцыд уæв- гæйæ æз æрхаудтæн уьгмæл кæрдæгыл æмæ сывæллонау нык- куыдтон. Æз бирæ фæхуыссыдтæн зæххыл æмæ зæрдæбынæй куыд- тон, мæ цæссыг æмæ мæ богъ-богъ бауромыныл нæ архайгæйæ; 276
æз æнхъæл уыдтæн, мæ риу фæйнæрдæм атондзæнис, зæгъгæ; мæ зæрдæфидардзинад, мæ хиуылхæцгæдзинад атар сты фæздæ- джы хуызæн, мæ зæрдæ æрлæмæгъ, мæ зонд ныкъкъуырма, æмæ мæ уыцы сахат чи федтаид, уый мæм æлгъгæнгæ разылд- таид йæ къæбут. Æхсæвы æртæх æмæ мын хæххон дымгæ мæ судзгæ сæр куы æруазал кодтой, æмæ мæ хъуыдытæ сæ бынаты куы æрбадтысты, уæд æз бамбæрстон — чи фесæфтис, уыцы амонд мын фæсте сурын кæй у æнæпайда хъуыддаг æмæ æнæ- зонддзинад. Цы ма мæ хъæуы! — йæ фенын? — цæмæн? не ’хсæн куы ницыуал ис. Фæндарасты иунæг ба не схъæздыг кæндзæни м,æ мысинæгты, йæ фæстæ ма нын ноджы зындæр уыдзæни кæ- рæдзийæ фæхицæн. Фæлæ мын æхсызгон у, мæ бон кæуын кæй у, уый. Æниу, чи зоны, кæд уый у мæ карз маст, æнæхуыссæг æхсæв, дыууæ минуты дамбацайы дзыхмæ фæлæуды æмæ афтид гуыбыны аххос. Алцыдæр хуыздæрæн у! Уыцы ног хъизæмар мын, æфсæддон адæм куыд акæнынц, фæци амондджын диверсийы хос. Кæуын у æнæнизы хос, стæй, æвæццæгæн, бæхыл куы нæ аратæх-батæх кодтаин, æмæ мын фæстæмæ фынддæс версты цæугæ куы нæ ’рцыдаид, уæд <мын уыцы’хсæв дæр хуысоæг мæ цæстытæ не ’рцъынд кæнын кодтаид. Æз Кисловодскмæ бахæццæ дæн райсомæй -фондз сахатыл, хуыссæны мæхи баппæрстон æмæ бафынæй дæн, Наполеон Ва- терлоойы фæстæ куыд бафынæй нс, афтæ. Куы райхъал дæн, уæд æддейы уыдис талынг. Æз сбадтæн гам рудзынджы раз, сæфтыдтон мæ куырæты æгънæджытæ,— æмæ мын хæххон дымгæ сног кодта мæ риу, фæсвæллад уæззау хуыссæг кæй нæма æрæнцайын кодта, уый. Дард, цæугæдоны æддейы, аууон æй чи дардта, уыцы бæзджын сусхъæд бæлæсты цъуппыты æхсæнтæй фæзын-фæзын кодтой рухсытæ фидары æмæ слабодкæйы агъуыстытæй. Махæн нæ кæрты алцыдæр уы- дис æнцад, кънйазы усы хæдзары уыдис талынг. Æрбацыди дохтыр, йæ ных уыди тар; иннæ хæттытæй уæл- дай мæм йæ къух дæр нæ радта. — Кæцæй фæдæ, дохтыр? — Кънйазы ус Лиговскийæ; йæ чызг рынчын у — йæ нервы- тæ слæмæгъ сты. Уæвгæ, уый ницы у, фæлæ дын цы зæгъон: хи- цæутты зæрдæ дæм æхсайы, æмæ хъуыддагæй кæд æргом рав- дисæн ницы ис, уæддæр дын зæгъын—дæхи хъахъхъæн. Кънйа- зы ус мын абон дзырдта, йæ чызджы тыххæй кæй æхстат кæрæдзи, уый кæй зоны, уый. Уымæн сæ иууылдæр уыцы зæ- ронд лæг радзырдта... бæрæг цыдæр хуындис. Уый дæ цуры уы- 277
дис, хæрæнданы Грушницкиимæ куы фæбыцæу дæ, уæд. Æз дæм æрбацыдтæн гъеуыцы хабар зæгъынмæ.— Райгæ рау. Чи зоны æмæ кæрæдзийы нал фенæм, дæу арвитдзысты искæдæм. Къæсæрыл фæлæууыдис; фæндыд æй мæ къух айсын... æмæ йын æз чысыл дæр мæ фæндондзинад куы равдыстаин уымæй, уæд уый йæхи ме’фцæджы æрбаппæрстаид; фæлæ йæм æз баз- задтæн дуры хуызæн уазалæй,— æмæ уый дæр ацыдис. Гъеуый дын адæм! Æгасæй дæр афтæ сты: адæймагæн раз- дæр фæзонынц йæ ми, йæ раконды æвзæрдзинæдтæ иууылдæр, фæкæнынц ын æххуыс, уынаффæ, йæ мийæ ма суанг æппæлгæ дæр, æндæр фæрæз нæй, уый æмбаргæйæ,— стæй уæд сæ къух- тæ цæхсынц, æмæ хъуыр-хъуыргæнгæ сæ чъылдым фездахынц, азымы уæз æгасæй дæр уæндонæй йæхимæ чи райсы, уымæй. Уыдон иууылдæр афтæ сты, суанг сæ тæккæ хæларзæрдæдæр- тæ, 'Сæ тæккæ зандджындæртæ дæр! Уымæн йæ дыккаг бон райсомæй N фидармæ ацæуыны тых- хæй хистæр хицæуттæй дзырд райсгæйæ æз бацыдтæн кънйазы усмæ хæрзбон зæгъынмæ. Уый фæдис кодта, исты уанæбæрæг æхсызгон хъуыддаг зæ- гъинаг мын дæ, зæгьгæ, мæ куы афарста, æмæ йын æз — хорз амондмæ дын бæллын, зæгъгæ, æм.æ æндæртæ куы загътон, уæд. — Æмæ уæдæ мæн демæ тынг зæрдиагæй аныхас кæнын куы хъæуы. Æз æнæдзургæйæ æрбадтæн. Бæрæг уыдис, йæ ныхас цæмæй райдыдтаид, уый кæй нæ зыдта, уый; йæ цæсгом сырххъулон афæлдæхтис, йæ нарст æн- гуылдзтæ сæхи хостой стъолыл; фæстагмæ уый райдыдта фæ- лæуу-фæлæугæнгæ афтæ дзурын: — Æрбайхъус-ма, мсье Печорин; æз æнхъæл дæн, æ^мæ ды уæздан лæг дæ. Æз ын м,æ сæрæй акуывтон. — Мæн уый уырнгæ дæр кæны,— дзырдта ус дарддæр,— кæд мæм дæ уаг, де ’ууæлтæ чысыл гуырысхойаг кæсынц, уæд- дæр, фæлæ дын уымæн хъуамæ уа исты æфсæнттæ, æз кæй нæ зонын, ахæмтæ, æм.æ ды хъуамæ ныр гъеуыдон мæнæн æргом зæгъай. Ды мын мæ чызджы баиргъæвтай хахуырæй,— марын кодтай уый сæрыл дæхи — иуныхасæй, лæуд уыдтæ адзалы къа- хыл... Маиы сдзур, æз зонын, нæ йыл басæтдзынæ, уый тыххæй æмæ Грушницкий фæци мард (йæхиуыл дзуар бафтыдта). Хуы- цау ын бахатыр кæндзæнпс, стæй, æнхъæлдæн, дæуæн дæр аф- тæ!.. Уый мæ хъуыддаг нæу, æз нæ уæндын дæу азымы дарын, уый тыххæй æмæ мæ чызг кæд аххосджын нæ уыдис, уæддæр хъуцддаг æрцыдис уый сæраппонд. Уый мын уæ хабæрттæ æга- сæй дæр радзырдта... æнхъæлдæн, æгасæй дæр: ды йын фæ- 278
дзырдтай, уарзыс æй, зæгъгæ... Уый дæр дын басастис, кæй дæ уарзы, ууыл (ацы ран кънйазы ус уæззау ныуулæфыдис). Фæ- лæ уый у рынчын, æмæ æз афтæ ’нхъæл дæн, .æмæ йæ низ хуы- мæтзджв* низ нæу! Сусæг маст æй мары. Уый йыл нæ сæтты, фæлæ мæн уырны, уый дæ аххосæй кæй у, уый... Хъу-сма... чи зоны æмæ ды афтæ ’нхъæл уай, æмæ æз цинтæ, стыр хъæздыг- дзинæдтæ агурын,— нæ, уый æнхъæл ма у: мæн фæнды æрмæст, мæ чызг амондджын цæмæй уа, уый. Дæ ныры фадат тынг бæл- лиццаг нæу, фæлæ йын ис хуыздæр суæвæн: дæумæ ис мулк; мæ чызг дæ уарзы, уый афтæ ахуыр, афтæ хъомылгонд у, æмæ йæ мойæн уыдзæнис ,амонды хос. Æз дæн бонджын, уый та мын у зыбыты иунæг... Зæгъ мын, цы дæ уромы? Адон æппæт мæнæн хæснæ уыдис дæуæн дзурын, фæлæ æз æууæндын дæ зæрдæ- йыл; — æрхъуыды кæн, иунæг мын у... иунæг чызг... Ус окуыдта. — Æхсин,— загътон æз,— нæй мын дæуæн дзуапп дæттæн; бар мын ратт дæ чызгимæ хибарæй баныхас кæнынæн... — Уый никуы уыдзæнис! — фæцъæхахст кодта ус, йæхæдæг бандонæй фестадис тынг тыхстæй. — Бар дæхи,— зæгъгæ, йын дзуапп радтон æз, мæхи цæуы- нæввонггæнгæйæ. Уый асагъæс кодта, йæ къухæй мын аца.мыдта, фæлæуу, зæгъгæ, йæхæдæг æддæмæ ауадис. Рацыдис иу-фондз минуты, мæ зæрдæ йæхи хоста къултыл, фæлæ мæ хъуыдытæ уæддæр уыдысты æнцад, сæ бынаты, мæ сæр уазал; цы нæ кодтон, дзæбæх Меримæ уарзондзинады цæ- хæрæй мæ риуы иу мур уæддæр ссарынæн, фæлæ... ницы. Уалынмæ дуар байгом ис, æмæ Мери æрбацыдис. О хуыцау! мæнæ цыхуызæн ссис, куы йæ нал федтон, уæдæй нырмæ,— аф- тæмæй цыма раджы уыдис? Уаты астæумæ куы ’рбахæццæ ис, уæд фæцудыдта; æз фæ- гæпп кодтон, мæ къух æм авæрдтон æмæ йæ къæлæтджын бан- донмæ бакодтон. Æз лæууыдтæн йæ комкоммæ. Бирæ фестæм æнæдзургæйæ, йæ хъоппæг цæстытæ уыдысты, зæгъæн нæй, афтæ ’нкъард, æмæ цыма ме ’нгасы сæхицæн ныфсы хуызæн исты агуырдтой, уыйау зындысты; йæ фæлурс былтæ дзæгъæлы архайдтой фæ- худыныл; йæ буц къухтæ йæ уæрджытыл æвæрдæй уыдысты афтæ цола æмæ ирд, æмæ йын кодтон тæригъæд. — Кънйазы чызг, — загътон æз,—зоныс, æз дыл худгæ кæй кодтон, уый?.. Ды мæ хъуамæ дæ сæрмæ ма хæосай. Чызджы уадултæ низхуыз сырх аисты. Æз дзырдтон дарддæр: — Уымæ гæсгæ, уæдæ, дæуæн нæй м,æн уарзæн... 279
Уый аздæхтис иннæрдæм, æрæнцад йæ рæмбынкъæдзæй стъолыл, оамбæрзта йæ цæстытæ йæ къухæй, æмæ мæнмæ аф- тæ фæкастис, цыма сыл цæстысыг ферттывта, уыйау. — О мæ хуыцау! — сдзырдта чызг йæ ныхас гæзæмæ хъуыс- гæйæ. Зæрдæ йæм хæлди фæйнæрдæм: иу минут ма,— æмæ йæ къæхты бын æрхаудаин. — Гъеуæдæ, афтæ, ды дæхæдæг уыныс,— загътон æз, куыд фæрæзтон, афтæ фидардæр хъæлæсæй æмæ æнæбары худгæйæ,— ды дæхæдæг уыныс, ракурæн мын дæ кæй нæй, уый. Уый дæ ацы сахат куы фæндид, уæддæр ыл рæхджы фæсмон фæкæнис. Дæ мадимæ нæм ныхас кæй уыдис, æз уымæ гæсгæ дзурын демæ афтæ æргом æм,æ афтæ схуыстæй. Æз æнхъæл дæн, æмæ рæдийгæ кæны: дæуæн æнцон у уымæн йæ рæдыд бамбарын кæ- нын. Ды уыныс, æз дæ цæсты тынг ницæйаг, тæригъæддаг æмæ тынг æвзæр бынаты æвæрд кæй дæн, уый, æз ма ууыл дæр куы сæттын; æндæр ницы «мæ бон у дæу тыххæй ба’кæнын. Цыфæн- ды æвзæр куы уон дæ цæсты, уæддæр ыл разы... Уыныс, куыд ныллæг, куыд æгад дæн дæ разы... Æцæг нæ зæгъын, кæд мæ ныронг уарзтай, уæддæр мæ ацы минутæй фæстæмæ дæ сæрмæ дæр кæй нал хæсыс, уымæй?.. Чызг раздæхтис ’мердæм мраморы хуызæн фæлурсæй, æр- мæст йæ цæстытæ кодтой диссаджы æрттывд. — Æз дæ уыньш ме сæфт...— загъта уый. Æз ын арфæ ракодтон, буцгамау ын акуывтон мæ сæрæй æмæ рацыдтæн. Сахаты фæстæ мæ тагъд тройкæ гъæйттæй скъæфта Кисло- водскæй. Ессентукмæ ма цалдæр версты уыдис, афтæ æз базыд- тон фæндагмæ ’ввахс мæ саулох бæхы мард: йæ саргъ уыдис нст — ,æв<æццæгæн æй систа, ууылты чи цыдис, ахæм хъазахъ- хъаг, æмæ саргъы бæсты йе рагъыл бадтис дыууæ халоны. Æз ныуулæфыдтæн æмæ ме ’ргом иннæрдæм аздæхтон... Æмæ ныр ам, ацы ’нкъард фидары, мæ хъуыды, мæ цæст ивгъуыд рæстæгыл ахæсгæйæ æз арæх афæрсын мæхи: цымæ мæ цæуылнæ фæндыдис ныллæууын, хъысмæт мын мæ размæ цы фæндаг байгом кодта, зæрдæрухсдзинад æмæ удæнцой кæм федтаин, уыцы ф.æндагыл?.. Нæ, нæ бафæрæзтаин æз уыцы ны- вы цæрын. Æз дæн, абырджыты науы уæлхæдзары чи райгуыр- дис æмæ схъомыл ис, уыцы матросы хуызæн: уымæн йæ уд са- хуыр ис, æмцард кæнын байдыдта уад æмæ тохимæ, æмæ доны былмæ æппæрст уæвгæйæ уый хъыг кæны æмæ фæлмæцы, цы- фæнды сайд æй куы кæна йæхимæ аууонджын сатæг къох, цы- фæнды рухс ын куы кæна æнцад хурзæрин, уæддæр; уый рацу- бацу ^кæны йæхицæн æгас бон-изæрмæ доны былы змисыл, йæ 280
хъус дары, кæрæдзийы чи суры, уыцы уылæнты иухуызон хъуыр- хъуырмæ æмæ æдзынæг кæсы мигъдзыд дардмæ: цымæ нæ фæ- зына уым, цъæх, æнæбыны æмæ донхуыз асæсты цъуппытæ кæрæдзийæ чи хицæн кæны, уыцы фæлурс хаххы уæлæ науы •бæллнццаг кæттаг, фыццаг денджызы чайкæйы базыры ’нгæс чи вæййы, фæлæ чысылгай-чысылгай чысы фынкæй чи фæхицæн вæййы æмæ уьщы иухуызон лæгъз згъордæй æдзæрæг наулæу- уæнмæ чи ’ввахс кæны, уый... III ФАТАЛИСТ Иухатт мæ дыууæ къуырийы бахъуыдис цæрын хъазахъ- хъаг станицæйы, галиу флангыл, уыцы ран лæууыднс фистæг æфсады батальон дæр; афицертæ-иу æрæмбырд сты кæрæдзимæ радыгай æмæ-иу изæрæй хъазыдысты -къахмæй. Иухатт, бостонæй36 хъазынæй куы схъыг стæм, уæд бакалд- там нæ къамтæ стъолы бынмæ, æмæ нын бадын бацайдагъ, æмæ фæбадтыстæм тынг бирæ, майор С-мæ; иннæ хæттытæй уæлдай уыцы ’хсæв нæ ныхас уыдис æхсызгондæр. Ныхас код- там, пысылмон адæмы куыд уырны, ома, адæймагæн йæ хъыс- м,æт — уæлæон царды йыл цы ’рцæуинаг у, уый фыст у уæларвы, зæгъгæ,— уый кæй уырны, ахæмтæ мах æхсæн дæр бирæ ис, зæгъгæ, уый тыххæй; алчидæр нæ хаста ныхасы сæрыл кæнæ йæныхмæ алыхуызон æнахуыр хабæрттæ. — Уыдон иууылдæр ницы сты, господа, мур ннцы ’вди- ■сынц,—загъта зæронд майор,—сымахæй иу дæр йæхи цæстæй нæ федта, уæ ныхæсты æцæгдзинады фидарæн цы æнахуыр ха- бæрттæ хæосут, уыдон. — Ай-гъай, ничи,— загътой бирæтæ,— фæлæ фехъуыстам æууæнкджын адæймæгтæй... — Уыдон иууылдæр сты ницæйаг ныхæстæ! — загъта чи- дæр: — кæм сты, кæм, уыцы æууæнкджын адæймæгтæ, нæ адза- лы сахат фыст кæм ис, уыцы чиныг чи федта, уыдон?.. Стæй адæймаг йæ хъысмæт кæд æцæг зоны рагацау, уæд ма нын уæ- дæ зонд æм,æ ныфс та цæй тыххæй лæвæрд сты? Нæ ракæндты тыххæй ’ма нæуæд дзуапп дæттын та цæмæн хъæуы? ■ Уæд сыстадпс иу афицер, уæды онг къуымы чи бадтис, æмæ стъолмæ сындæггай бацæугæйæ ахаста йе’нцад æмæ хъæлдзæг цæстæнгас не ’ппæтыл дæр. Иæ номæй бæрæгуыд, уый сербиаг кæй уыдис, уый. Поручик Вуличæн йæ бакаст уыдис алцæмæй дæр раст йæ 36 Къамæй хъазт. 281
зæрдæйы ахастмæ гæсгæ. Бæрзонд æмæ саулагъз, саухил, адæй- маджы иннæрдæм чи хызтис, ахæм сау цæстытæ йын, стыр, фæ- лæ раст фындз, пæ адæмы хатт бæрæггæнæн, æдзух йæ былтыл чи хъазыд, ахæм æнкъард æмæ уазал мидбылхудт, — уыдон ыя иууылдæр иумæ афтæ дзæбæх цыма уымæн фидыдтой, æмæ йыл бæрæг уа, уый нннæты хуызæн адæймаг кæй нæ у, цав,æр- дæр хицæн уæвæг кæй у; хъысмæт ын æмбалæн кæй радта, уы- донæн йæ хъуыдытæ æм,æ йæ бæллицтæ æргом кæнын йæ хъæ- ды кæмæн нæй, ахæм кæй у, уый. Уый уыдис хъæбатыр, дзырдта чысыл, фæлæ ц&хгæр; ни- кæмæн хъæр кодта йæ зæрдæйы æмæ йæ бинонты царды су- сæгдзинæдтæ; сæн стæм хатт йедтæмæ нæ нуæзта; сæ дзæбæх- дзинад хи цæстæй нæ фенгæйæ сæ рæсугъддзинад зын бамбарæн кæмæн у, уыцы æрыгон хъазахъхъаг сылгоймæгты фæдыл нæ хаттис. Афтæмæй та дзы дзырдтой, йе’мбаргæ цæстытæ булкъо- ны усы зæрдæмæ тынг цæуынц, зæгъгæ; фæлæ-иу уый æцæг рамæсты ис, исчи йын-иу чысыл дæр уый кой куы скодта, уæд. Уыдис æмхиц æрмæст иунæг хъуыддагмæ,— æмæ йæ сусæг дæр нæ кодта — къамæй хъазынмæ. Кæрдæгхуыз стъолы фарс- мæ бадгæиæ-иу дзы алцыдæр ферох ис, æмæ та-иу уайтагъд æмбылды фæцис; фæлæ йæ хъуыддаг æппынæдзух рæстмæ кæй нæ цыдис, уый йын мæстæй мардта æмæ цыргъдæр кодта йæ хивæнддзинад. Афтæ дзы дзырдтой, иухатт, дам, экспедицийьг уæвгæйæ, æхсæвыгон уый базы уæлæ æрæвæрдта банк; тынг хорз цыдис йæ хъуыддаг. Æвиппайды фехъуыстис гæрæхтæ; фæцыди фæдисы хъæр, иууылдæр фæгæппытæ кодтой, æмæ гæрзтыл сæхи ныццавтой. «Æрæвæр æгас банк!» — хъæр кодта Вулич æнæуæлæмæстгæйæ йæ сонтдæр æмхъазджытæй иумæ, «Цæуы æвдæм»,— дзуапп радта уый згъоргæ-згъорын. Уыцы хъомпалы .мидæг Вулич уæддæр иу зылд хъазт фæцис. Æфсæддон рæхысæвæрдмæ куы бахæццæ ис, уæд уым топ- пы гæрæхтæ уыдысты сæ тæккæ тынгыл. Вуличы нæ уыдис цæ- цæнæн нæ сæ нæмгуыты, нæ сæ кæрдты мæт: уый агуырдта æр- мæст йæ амондджын .æмхъазæджы. — Æвдæм лæвæрд у! — ныхъхъæр кодта Вулич æппынфæс- таг, хъæдæй æддæмæ знаджы тæрын чи райдыдта, уыдонимæ йæ æмхъазæджы куы ауыдта, уæд; стæй йæм хæстæгдæр бацыдис^ систа йæ чыссæ æмæ йе’хцадон æмæ сæ радта амондджынæн, кæд ын уый дзырдта, ам æхца фидæн ран нæу, зæгъгæ, уæддæр. Уыцы æнад, æнæбары хæс сæххæст кæныны фæстæ уый абыр- ста размæ, салдæттæ йæ фæстæ, афтæмæй, æмæ хъуыддаг ца- лынмæ бынтон нæ ахицæн ис, уæдмæ цæцæнимæ кæрæдзийы фæгæрæхтæ кодтой, æдæрсгæ, хъуыды дæр сæ нæ кодта, афтæ- мæй. 282
Поручик Вулич стъолы размæ куы’рбацыдис, уæд иууылдæр фæхъус сты, æнхъæлмæ йæм кастысты исты æнахуыр хъуыддаг равдисынмæ. — Господа!—загъта уый (йæ хъæлæс уыдис æнцад, иннæ хæттытæй уæлдай, кæд чысыл ныллæгдæр уыдис, уæддæр),— господа, дзæгъæлы быцæу цы у? Сымах хъæуы æвдисæндзинæд- тæ; æз уын зæгъын, бафæлварут-ма уæдæ уæхиуыл, адæйма- гæн йæ бон у барвæндонæй, куыд æй фæнды, афтæ йæ цардæн уынаффæ кæнын^ æви нæ алкæмæн дæр йæ адзалы сахат раз- дæр бæрæг, нывгонд у... Кæй уæ фæнды? — Мæн нæ, мæн нæ! — зæгъгæ, схор-хор кодтой фæйнæр- дыгæй. — Уый уын худæджы лæг, гъе! ахæм хъуыды ма искæй сæрмæ ’рцæудзæнис!.. — Хæснаг ,кæнын,— загътон æз хъазгæйæ. — Цæуыл? — Фидарæй лæууын, хъысмæт кæй нæй, ууыл,— загътон æз, мæхæдæг иу-ссæдз червонецы æркалдтон стъолмæ, мæ дзып- пы цы уыдис, уыдон æгасæй дæр. — Æз кæнын,— дзуапп радта Вулич æмыр хъæлæсæй.— Майор, ды уыдзынæ нæ тæрхоны лæг; мæнæ дын ай фынддæс червонецы, иннæ фондз та мæ дарыс ды, лымæны хатыр ба- кæн — æмæ сæ адоныл бафтау. — Хорз,— загъта майор,— æрмæст, гæды дын ма зæгъон, не ’мбарьш, цы хабар у, уый,— стæй дæ хæснаг куыд алыг кæндзынæ?.. Вулич æнæсдзургæйæ рацыдис майоры хуыссæнуатмæ; мах дæр йæ фæстæ рацыдыстæм. Уый бацыдис, хæцæнгæрзт.æ ауыгъд цы къулыл уыдысты, уымæ æмæ, цæй, кæцыфæнды уæд, зæгъгæ, рапста рагъæнæй алыкалиброн дамбацатæн иу. Ныр, цы кæны, уььмæн мах ницыма æмбæрстам, фæлæ йын йæ цæу- къа куы сæргъæвта æмæ йын йæ хъусы топпыхос куы бавгæд- та, уæд бирæтæ удаистæй æнæбары фæхъæр кодтой æмæ йын .йæ къухтæм фæлæбурдтой. — Цы кæнынмæ хъавыс? Хъус-ма, уый æрра ми у! — ныхъ- хъæр кодтой алырдыгæй. — Господа! — загъта уый сындæггай йæ къухтæ уæгъд гæн- тæйæ,—кæй фæьды мæ сæрыл ссæдз червонецы бафидын? Иууылдæр ныхЪхъус сты æмæ иуварс ацыдысты. Вулич рацыдис иннæ уатмæ æмæ стъолы раз æрбадтис, иууылдæр йæ фæдыл рацыдыстæм. Уый нын ацамыдта, стъолы алыварс æрбадут, зæгъгæ. Мах æнæдзургæйæ йæ коммæ бака- стыстæм: уыцы мпнут æм уыдис лæвæрд махыл цавæрдæр æнæмбаргæ, сусæг бардзинад. Æз ын йæ цæстытæм æдзынæг бакастæн; фæлæ уый æнцад æмæ æнæзмæлгæйæ касти мæ къа- 283
хæн цæстæнгасмæ, æмæ йæ фæлурс былтæ рог худт бакодтой; фæлæ, кæд йæхи фидар дардта, уæддæр мæм афтæ кастй, цыма йын адзалы мыхуыр йæ фæлурс цæсгомыл уыдтон, уыйау. Æз- иу фиппайдтон, стæй зæронд æфсæддон адæмæй дæр бирæтæ дзырдтой, æцæг афтæ у, зæгъгæ,— иукъорд сахаты фæстæ йæ адзал кæмæн вæййы, уыцы адæймагæн фылдæр хатт йæ цæсго- мыл вæййы, хъысмæт æнæфæивгъуийгæ кæй у, уый æнахуыр бæрæггæнæн, æмæ йын дæсны фæлтæрд цæстæн æнæ базонгæ нæ вæййы., — Ды абон амæлдзынæ! — загътон ын æз. Уый мæм тагъд- гомау фездæхтис, фæлæ мын сындæг æмæ æнцадæй дзуапп радта: — Чи зоны æмæ — о, чи зоны æмæ — нæ... Стæй майорырдæм аздæхтис æмæ йæ бафарста, дамбаца ифтыгъд у æви нæу. Майор æй йæ тыхстæй хорз нал хъуыды кодта. — Цæй, æгъгъæд у, Вулич! — фæхъæр кодта чидæр,— æвæц- цæгæн, ифтыгъд у, нывæрзæнырдыгæй ауыгъд кæм уыдис, уым; ай чердыгон хъазт у!.. — Æдылы хъазт! — фæрæвдз æм ис иннæ. — Хæснаг æвæрын фондз туманы фондз сомы ныхмæ, дам- баца ифтыгъд кæй нæу, ууыл! — фæхъæр кодта æртыккаг. Райдыдтой та ног хæснæгтæ. Æз схъыг дæн уыцы æнæхъуаджы æрхæц-схæцæй. «Хъус-ма,— загътон æз,— кæнæ дæхиуыл дамбаца ныццæв, кæнæ та йæ йæ бынаты сауындз, æмæ цом хуыссынмæ». — Афтæ, афтæ,—схъæр кодтой бирæтæ,—цомут хуыссынмæ. — Господа, курын уæ, æмæ уæ йæ бынатæй мачи фезмæ- лæд! — загъта Вулич дамбацайы дзых йæ ныхыл сæвæргæйæ. Иууылдæр цавддуртау фесты. — Господин Печорин,— загъта уый,— сис къам æмæ йæ хæрдмæ сæлпар. Æз систон стъолæй, абоны хуызæн ма йæ хъуыды кæнын,— червиты тъузы æмæ йæ хæрдмæ фехстон: се ’ппæт дæр сæ улæфт фæурæдтой; се ’ппæты цæстытæ дæр тас æмæ цавæрдæр æнæ- бæрæг цымыдисæй седзаг уæвгæйæ разгъор-базгъор кодтой дам’бацайæ фыдбылызы тъузмæ, уæлдæфы зыр-зыргæнгæ сын- дæггай дæлæмæ чи ’рцæйцыдис, уымæ: куыддæр къам стъолыл æрæндзæвыднс; афтæ Вулич цæукъа æруагъта... дамбаца фæ- сыкк ис! — Хуыцауæй бузныг! — фæхъæр кодтой бирæтæ, — ифтыгъд нæу. — Фенæм æй уæддæр,— загъта Вулич. Сæргъæвта та цæу- къа’, ныхъхъавыдис рудзынджы сæрмæ ауыгъд тъæпæн худмæ; 284
гæрах фæцыд — уат фæздæгæй айдзаг ис; фæздæг куы апырх. ис, уæд тъæпæн худ райстой, нæмыг ахызти йæ тæккæ астæу æмæ арф бацыди къулы. Иу-æртæ минуты бæрц ныхас скæнын никæйуал бон уыдис, Вулич æнцад-æнцойæ нывгæдта мæ червонецтæ йе’хцадоны. Байдыдтой алы ныхас кæнын, да^мбаца фыццаг хатт кæй не схæцыдис, уый тыххæй; иутæ дзырдтой, æвæццæгæн, йæ хъус сыгъдæг нæ уыдис, зæгъгæ, пннæтæ хъус-хъусæй дзырдтой, æвæццæгæн æмæ топпыхос фыццаг уымæл уыдис, стæй дзы уый- фæстæ Вулич ног топпыхос бавгæдта, зæгъгæ; фæлæ сын æз та дзырдтон, фæстаг ныхас уын раст нæу, уый тыххæй æмæ кæ- рæй-кæронмæ дæр дамбацайæ мæ цæстытæ æз дæлæмæ не ’руагътон, зæгъгæ. , — Хъазты мидæг амондджын дæ! — загътон æз Вуличæн. — Мæ цæрæнбонты фыццаг хатт,— дзуапп мын радта уый йæхицæй ныббуц уæвгæйæ æмæ йæ мидбылты бахудгæйæ,— уый банкæй дæр æмæ штоссæй37 дæр хуыздæр у. — Фæлæ уыйхыгъд та чысыл тæссагдæр у. — Ау, æмæ дæ хъысмæт уырнын байдыдта? — Уырны; æрмæст гъеныр не ’мбарын, абон дын æнæамæл- гæ нæ уыдзæнис, зæгъгæ, ’нхъæл цæмæн уыдтæн, уый... Æмæ, бынтон æрæджы дæр ма æнцад-æнцойæ йæ ныхмæ чи хъавыдис, уыцы лæг ныр æвнппайды йæхи хмидæг сфыхтис æмæ фефсæрмы ис. — Цæй, æгъгъæд фæуæд!— загъта уый стгæ-стын,— мæ хæс- наг ахицæн, æмæ ныр цы дзурыс, уыдонæн бынат нал ис, мæн- мæ гæсгæ.—Иæ худ райста æмæ ацыди. Уыцы хъуыддаг мæм диооаг фæкастис — æмæ уый хуымæтæджы нæ уыд. Уалынмæ се ’ппæт дæр сæ хæдзæрттæм ахæлиу сты. Ву- личы æвирхъау миты тыххæй алы койтæ кæнгæ æмæ, æвæццæ- гæн, мæн æмдзыхæй хиуарзаг хонгæйæ, уый тыххæй æмæ æз кодтон хæснаг, йæхи топпæй марынмæ чи хъавыдис, ахæм лæ- гимæ, цьима æнæ мæн йæхи марынæн дзæбæх фадат не ссардта- ид, уыйау!.. Æз æрцæйцыдтæн нæхимæ станицæйы афтид цæхгæрмæ уынгты дæлæмæ; мæй уыдис йæ цалхыдзаг æмæ сыгъди пилло- ны сырххъулонæй, сцæйкасти хæдзæрттæй къахыртæ горизонты фæстейæ; стъалытæ сæхицæн æнцад æрттывтой арвы тарбын- цъæх къуырфæй, æмæ мæм худæг кæсын байдыдта, раджы кæд- дæр, дам, ахæм хæрздæсны адæймæгтæ уыднс, æмæ, дам, афтæ чи ’нхъæлдта, зæххы гæппæлы кæнæ æндæр ницæйаг мысгæ бар- ты тыххæй цы ницæйаг быцæутæ вæййы зæххыл, уыцы быцæуты, Сонт .хъазт къамтæй. 285,
дам, æрвон рухсгæнæгтæ дæр лæуд вæййынц, зæгъгæ, уыцы ныхас мæ зæрдыл куы ’рбалæууыдис, уæд. Æмæ цы? сæ зæр- дæйæ æмæ уыцы рухсгæнæгтæ æрмæст сæ тохтæм æмæ сæ уæ- лахиздзинæдтæм рухс дарыны тыххæй сыгъд сты; фæлæ уыдон судзынц, фыццаджы хуызæн, уыцы нрдæй, сæхи мондæгтæ, сæ- хи æмхицдзннæдтæ æмæ ныфсытæ та семæ раджы ахуыссыды- сты, æнæмæт фæндаггон хъæды дымгæмæ цы чысыл арт акæны, уый куыд ахуыссы, афтæ. Фæлæ сын уыйхыгъд та цас тых æмæ цас хъæбатырдзинад лæвæрдта, æнæхъæн арв дæр сæм йæ æнæ- нымæц цæрджытимæ æгомыгæй, фæлæ æнæ сайдæй аудæндзас- тæй дæлæмæ кæй фæлгæсы, уый сæ кæй уырныдта, уый!.. Мах та, уыдонæн сæ мæгуыр байзæддæгтæ, уæлæуыл рахау-бахау чи кæны æнæ уырнындзинад æмæ æнæ сæрыстырæй, æнæ æхсыз- гондзннад æмæ æнæ тасдзинадæй, зæрдæ адзалы тасæй чи’лва- сы, уыцы æнæбары тасæй фæстæмæ,— мах нал стæм стьтр ны- вæндтæ хæссынхъом, нæхицæн стыр зынтæ кæнынхъом нæ — адæмы хорздзинады, нæ — сæрмагонд нæхи амонды тыххæй, уымæн æмæ зонæм, амонд ссаргæ кæй нæу, æмæ стырзæрдæйæ хизæм гуырысхойæ-гуырысхомæ, нæ фыдæлтæ иу рæдыдæй ин- нæмæ сæхи раппар-баппар куыд кодтой, афтæ, уыдонау нæм нæ ныфс, нæ, æгæр-мæгуыр, адæмимæ кæнæ хъысмæтимæ тохы бацæугæйæ, уд кæддæриддæр цы тыхджын, фæлæ æнæбæрæг æхсызгондзинад ары, уый ис, афтæмæй... Æмæ ноджыдæр бирæ æндæр <ахæм хъуыдытæ цыди мæ сæ- ры; æз сæ уромгæ нæ кодтон, уый тыххæй æмæ æз истыхуызон иппæрд хъуыдыйыл фæстиат кæнын нæ уарзын; æмæ уымæн йæ кæрон цæмæ цæуы?.. Мæ лæппуйы бонты райдианы æз уыд- тæн мæхицæн мæнг ныфсытæ æвæрæг—митæй мæсгуытæ ама- йæг; æз уарзтон мæхи радыгай рæвдауын, куы тар, æнкъард, куы та зæрдæйæн æхсызгон, хъæлдзæг нывтæй, мæ тых-ст æмæ æнæф- сис зонды чп ’взæрдис, уыдонæй. Фæлæ мын уымæй цы базза- дис?—ницы. Æз бафæлладтæн, æхсæв-боимæ цыма цæстыл- уайæгимæ фæтох кодтон, уыйау, цы федтон, уыдон мысын ныр фынфенæгау æмæ зæрдæрисгæйæ. Уыцы æнæхъуаджы тохы æз -скуынæг кодтон мæ уды цæхæр дæр æмæ æцæг царды мидæг æдзух хъæугæ ныфс’дæр; æз бацыдтæн уыцы царды, рагагъом- мæ йæ мæ хъуыдыйы, мæ зонды мидæг куы ахицæн кодтон, уæд, æмæ райдыдтон хъыг кæнын æмæ тыхсын, рагæй хорз цы чиныг зонай, уый æвзæр фæзмдæй куы кæсай, уыйау. Уыцы изæр цы хабар æриыдис, уый ме уæнгты арф ахъард- та æмæ мын сагайдта мæ нервытæ. Нæ зонын бæлвырдæй, уыр- ны мæ ныр хъысмæт æви нæ, фæлæ мæ уыцы æхсæв тынг уыр- ныдта: йе ’вдыстæг уыдис æгæр æргом, æмæ æз, кæд нæ фы- дæлтыл æмæ се’нæзивæг астрологппыл ахудтæн, уæддæр мæхæ- :2»6
дæг æнæб^ры сæ цæлхвæдты бахаудтæн; фæлæ æз афойнадыл мæхи баурæдтон уыцы тас фæндагыл, æмæ, бынтондæр мæ ни- цы уырны, кæнæ, куырмæджы мæ алцыдæр уырны, зæгъгæ, уы- цы зондыл хæст кæй нæ уыдтæн, уымæ гæсгæ фехстон иуварс метафизнкæ æмæ райдыдтон кæсын мæ размæ, мæ къæхты бын- мæ. Мæхи афтæ кæй хъахъхъæдтон, уый мын тынг сбæззыди: æз, чысыл ма бахъæуа, ма бахауон, мæ къæхты бын чи уыдис, ахæм ставд æмæ фæлмæн, æвæццæгæн, мард цæуылдæр мæхи скъуыргæйæ. Æргуыбыр кодтон — мæй дарын байдыдта йæ рухс æмраст фæндагмæ — æмæ цы? мæ тæккæ размæ лæууыдис хуы, æхсаргардæй дыууæ дихы кондæй... Куыддæр æй ауыд- тон, афтæ æрбайхъуыстис кæйдæр иъæхты хъæр: дыууæ хъа- захъхъаджы рацæйцыдысты цæхгæрмæ уынгæй; сæ иу мæм æрбауад æмæ мæ афарста: ам расыг хъазахъхъаджы нæ федтай хуыйы фæстейы сургæ. Æз сын загътон — хъазахъхъагыл нæ амбæлдтæн, зæгъгæ, æмæ сын ацамыдтон уымæн <йе æрра хъæ- батырдзинады хъуыддагмæ. — Гъеуый дын абырæг!—загъта иннæ хъазахъхъаг,— чи- хир38 куы нынцъухы, уæд, гъæйдæ-гъа, къуыхтæ кæнын сисы, цæуыл амбæлы, уыдон. Цæуæм йæ фæстæ, Еремеич; сбæттын æй хъæуы, кæннод... Уыдон адард сты, æз та мæ цыды кой кодтон мæхи фыцца- пæй ноджы тынгдæр хъахъхъæнгæйæ æмæ фæстагмæ æнæфыд- былызæй схæццæ дæн мæ фатермæ. Æз цардтæн иу зæронд урядникмæ, йæ хæрзæгъдау, фæлæ тынгдæр та йæ рæсугъд чызг Настяйы тыххæй кæй уарзтон,. уымæ. Чызг мæм, йæ ахуырмæ гæсгæ, æнхъæлмæ кастис кæрты дуары цур, йæ чысыл кæрцы тыхтæй; мæй хъазыдис, æхсæвы уазалæй йын чи ныцъцъæх ис, уыцы гыццыл, рæсугъд былтыл Куы мæ базыдта, уæд йæ мидбылты бахудтис, фæлæ æз ууыл нæ уыдтæн.— Цæй, райгæ рау, Настя! — зæгъгæ, йæм ^дзырдтон æз цæугæ-цæуын. Уый мын хъавыд цыдæр зæгъынмæ, фæлæ ма æрмæст ныуулæфыдис. Æз мæ уаты дуар мæхиуыл бассыдтон, цырагъ ссыгътон æмæ мæ хуыссæны мæхи баппæрстон; фæлæ мæ хуыосæг, ин- нæ хæттытæй хъауджыдæр, ацы хатт æрцахста æрæгмæдæр. Хурыокæсæн фæлурс кæнын райдыдта, æз куы бафынæй дæн,. уæд, фæлæ, æвæццæгæн æмæ, уæларвы фыст уыднс, ацы ’хсæв æз хуыссæгæй кæй нæ бафсæддзынæн, уый. Райсомæй мын цып- пар сахатыл дыууæ тымбылкъухы æрбахостой мæ рудзынг. Æз фæгæпп кодтон: циу, цавæр у?.. 38 Ногдыгъд сæн. 287
— Уæлæмæ сыст, дæ гæрзтæ кæнгæ! — зæгъгæ, мæм хъæр "кодта мидæмæ цалдæр хъæлæсы. Æз цырд акодтон мæ гæрзтæ æмæ сæм рауадтæн.— Зоныс, цы ’рцыдис уый? — зæгъгæ, мæ уыцну фарст акодтой, чи мæм æрбауадис, уыцы æртæ афпцеры; уыдон уыдысты мардау фæлурс. — Цы хабар у? — Вулич фæмард ис. Æз сагъдæй аззадтæн. — О, фæмард ис! — дзырдтой уыдон,— цомут тагъддæр. — Уæд кæдæм? — Фæндагыл æй базондзынæ. Ацыдыстæм. Радзырдтой мын, цыдæриддæр æрцыдис, уыдон иууылдæр, йæ мæлæты агъоммæ йæ сахатырдæг раздæр æргом мæлæтæй цы диссаджы хъысмæт фервæзын кодта, уый тыххæй алы койтæ кæнгæйæ. Вулич фæцæйцыдис иунæгæй талынг уын- джы; амбæлдис ыл, хуыйы чи скъуыхтæ кодта, уыцы расыг хъа- захъхъаг, æмæ, чи зоны, хъуыды дæр æй не ’ркодтаид, афтæмæй йæ фæрсты аивгъуыдтаид, фæлæ Вулич æвиппайды фæлæууыдис æмæ йæ афарста: «Кæй агурыс, æфсымæр?» — Лщ1 — зæгъгæ, фæкодта хъазахъхъаг, ныцъцъыкк æй кодта æхоаргардæй æмæ йæ йе уæхскæй йæ зæрдæйы онг æрфаста... Мæныл цы дыууæ хъазахъхъаджы амбæлдис æмæ марæджы фæдыл чи зылдис, уыдон бахæццæ сты, систой лæджы, фæлæ уый уыдис йæ уд исыныл æмæ ма загъта æрмæст: «уый у раст!» — Æрмæст иунæг æз æмбæрстон уыцы ныхæстæн сæ сусæг нысан, уыдон уыдысты мæн тыххæй загъд; æз раздæр æнæбары загътон мæгуырæн йæ хъысмæт, йæ адзал, мæ зæрдæ мæ нæ фæсайдта, æз ын æргом бакастæн йæ ивд, йе ’ууад цæсгомыл, уый рæхджы кæй амарда- ид, уый нысан. Марæг сæхгæдта йæхиуыл афтид хæдзары дуæрттæ стани- цæйы кæрон: мах цыдыстæм уырдæм. Згъордта уыцырдæм бирæ .устытæ дæр кæуг.æ-кæуын; хатг.ай-иу рагæпп кодта уынгмæ, чн афæстиат ис, ахæм хъазахъхъаг, æмæ-иу уайгæ-уайын йæ хъама бæтгæ нæ разæй фæцис. Бæстæ змæлд ссис. Уалынмæ бахæццæ стæм; кæсæм, æмæ хæдзар — дуарæй, фæрссагæй — мидæгæй фидар æхгæд; йæ алфамбылай адæм лæууынц дзыгуырæй. Афицертæ æмæ хъазахъхъ бацыдысты иу- мæ зæрдиаг ныхасы; устытæ ниуынц хъарæгпæнгæйæ. Уыдоны æхсæнæй мæм фæзындис æрхæндæг, зæрдæсаст зæронд усы бæ- рæгдаргæ цæсгом. Уьий бадтнс ставд хъæды уæлæ, йæ рæмбы- ныкъæдзтæй йæ уæрджытыл æнцайгæйæ æмæ йæ къухтæ йæ сæрмæ быцæу æвæрдæй: уый уыдис марæджы мад. Йæ былтæ хатгаД змæлыдысты... кувгæ кодта цымæ уый йæхинымæры æви æлгъитгæ? 288
Афтæмæй та исты амал кæнын хъуыдис фыдгæнæджы æр- цахсынæн. Фæлæ йæм йæ ныфс ничи хаста æппæты разæй ба- бырсынмæ. Æз бацыдтæн рудзынгмæ æмæ йæм бакастæн фæрссаджы зыхъхъырæй: фæлурсæй хуыссыдис уый зæххыл, йæ рахиз къу- хы дамбаца, афтæмæй; тугæйдзаг æхсаргард лæууыдис йæфарс- мæ. Иæ цæстытæ алырдæм кодтой сонт дзагъултæ; хатгай-иу фестъæлфыдис æмæ-иу йæ сæрмæ фæлæбурдта, цыма йе зноны раконд йæ зæрдыл æнæбæрæг лæууын байдыдта, уыйау. Æз нæ бафиппайдтон уыцы знæт цæстæнгасы мидæг стыр ныфс æмæ уæндондзинад æмæ загътон майорæн: дзæгъæлы нæ загътай хъазахъхъæн, дуар басæттут æмæ хæдзармæ бабырсут, зæгъгæ, уый тыххæй æмæ хуыздæр уыдис уый ныртæккæ бакæнын, фæс- тæдæр, бынтон куы æрæмбара йæхи, уæд бакæнынæй. Уыцы рæстæджы зæронд есаул бацыдис дуары цурмæ æмæ йæм йæ номæй бадзырдта, уый йын дзуапп радта. — Тæригъæды бацыдтæ, æфсымæр Ефимыч,— загъта еса-- ул,— фæлæ гæнæн нал ис, æмæ дæхи ратт! — Нæ ратдзынæн! — дзуапп радта хъазахъхъаг. — Хуыцауæй фæтæрс! æлгъыст цæцæйнаг куы нæ дæ, мнй-- йаг, æууæнкджын чырыстон лæг куы дæ. Цæй, кæд дæ дæ тæ- ригъæд фæрæдийын кодта, уæд ма уымæн цы хос ис: адæйма- гæн йæ хъысмæты цы фыст уа, уымæй йын аирвæзæн нæй! — Нæ ратдзынæн мæхи! — тызмæг хъæр ракодта мидæгæй хъазахъхъаг, æмæ фæцыдис æргъæвд цæукъайы къæпп. — Гъæй, усай! — загъта есаул зæронд усæн,— дæ фыртæн зæгъ; чи зоны, кæд дæумæ байхъусид... хуыцауы йæхимæ цæ- мæн мæсты кæны. Акæс-ма, ацы господатæ дæр æм ныр дыууæ- сахаты æнхъæлмæ куы кæсынц. Зæронд ус æм æдзынæг бакастис æмæ йæ сæр банкъуыста. — Василий Петрович,— загъта есаул майоры цурмæ бацæу- гæйæ,— уый йæхп нæ ратдзæнис — æз æй зонын; дуар куы ба- сæттæм, уæд та нын нæхицæй бирæ ныццæгъддзæнис. Фаелтау нын йæ амарыны бар куы раттаиккат? Фæрссаджы ис стыр зыхъ-- хъыр. Уыцы минутыл мæ сæрмæ æрцыдис æнахуыр хъуыды: Вулп- чы хуызæн æз дæр сфæнд кодтон мæ хъысмæт бавзарын. — Фæлæуут-ма, загътон æз майорæн,— æз æй удæгасæй æр- цахсдзынæн.— Есаулæн загътон, ды йемæ дæхи ныхасгæнæг- скæн, зæгъгæ, мæхæдæг слæууын кодтон дуары раз, чн йæ ра- тыдтаид æмæ, мæ нысанмæ гæсгæ мæнæн æххуыс кæнынмæ чп ’рбагæпп кодтаид, ахæм æртæ хъазахъхъаджы, мæхæдæг хæ- дзары алыварс æрзылдтæн æмæ бахæстæг дæн фыдбылызы ру- дзынгмæ: мæ зæрдæйы цæлхъ-цæлхъ ссыдпс. 19 М. Ю. Лермонтов 289,
— О æлгъыст! — хъæр кодта есаул.— Хынджылæг нæ цы кæ- ныс, уый бæрæг дын нæй? Æви афтæ ’нхъæл дæ, æмæ дæ фаг не суыдзыстæм?—Æмæ райдыдта йæ тых-йæ бонæй дуар хо- йын; æз сæвæрдтон мæ цæст фæрссаджы зыхъхъырыл æмæ кас- тæн хъазахъхъагæн йæ алы змæлдмæ дæр; уый æнхъæл нæ уы- дис, йæ фыдбылыз уыцырдыгæй фегуырдзæнис, уый, æмæ æз æвиппайды фæрссаг уыциу рæмыгъд ракодтон æмæ, мæ сæр бынмæ, афтæмæй балиуырдтон рудзынгæп. Гæрах фæцыдис мæ тæккæ хъусы цур, нæмыг мын атыдта мæ пъалет. Фæлæ уат айдзаг ис фæздæгæй, æмæ уый нæ бауагъта, ме знагæн йæ ра- зы чи лæууыдис, уыцы æхсаргард ссарын амал. Æз ын фæлæ- бурдтон йæ.цæнгтæм; хъазахъхъ æрбагæпп кодтой, æмæ æртæ минуты дæр нæ рацыдис, афтæ фыдгæнæджы абастой, æмæ йæ къанвой акодта. Адæм ахæлиу сты, афицертæ мын кодтой ар- фæтæ — æмæ, бæгуыдæр, арфæ мын цæй тыххæй кодтаиккой, уый уыдис. Гъе, утæппæт хъуыддæгты фæстæ адæймаг куыд нæ суа фа- талист — хъысмæт кæй уырны, ахæм? Фæлæ бæлвырдæй чи зо- ны, исты йæ æцæг æнæгуырысхойæ уырны æви нæ, уый?.. Æмæ куыд арæх фенхъæл вæййæм нæ æнкъарæнты кæнæ нæ зонды чиудæй, уый фидар уырнындзинад у, зæгъгæ!.. Æз уарзын ал- цæуыл дæр гуызавæ, дызæрдыг кæнын: уыцы миниуæг мур нй- ды хъыг дары адæймагæн йæ зæрдæхасты ныфсхастдзинадæн; нæ фæлæ м.а мæхицæй куы зæгъон, уæд æз кæддæриддæр уæл- дай ныфсджындæрæй цæуын размæ, цы мыл æрцæудзæнис, уый куы нæ фæзонын, уæд. Мæлæтæй фыддæр адæймагыл куы ницы æрцæудзæнис,— мæлæтæй та аирвæзæн нæй! Фидармæ куы раздæхтæн, уæд радзырдтон Максим Макси- мычæн, цы мыл æрцыдис æмæ цы федтон, уыдон иууылдæр æмæ мæ бафæндыдис, хъысмæты тыххæй уымæ та цы зонд ис, куыд .æнхъæл у, уый базонын. Уый фыццаг не ’мбæрста, хъысмæт ра- гагъоммæ æрцæуын цы у, уый, фæлæ йын æй æз бамбарын код- тон, куыд зыдтон афтæ, æмæ уæд уый загъта йæ сæр æмбарæн тылд бакæнгæйæ: — О, бæгуыдæр! Уый у фаг зын бамбарæн цыдæр!.. Уæвгæ, ацы азиаг цæукъатææнæуый дæр сыкгæнаг сты, æвзæр сæрст куы вæййынц, кæнæ дывæдæг де ’нгуылдзæй дзæбæх куы нæ ^рбалхъивæп, уæд. Раст дын зæгъон, нæ уарзын æз черкесаг топпытæ дæр; махæн уыдон куыддæр æвидауц сты: йæ къæдз æгæр чысыл у,— тæрс дзы, дæ фындз дын куы асудза, уымæй. Фæлæ уыйхыгъд та се ’хсаргæрдтæн — кæм ис уыдон æмбал! Стæй загъта иучысыл ахъуыдыгæнгæнæ: — О, æвгъау уыдис, мæгуырæг... Цы хæйрæг æй сбæндæн 290
кодта æхсæвыгон расыг лæгимæ ныхасыл! Æниу, æвæццæгæн, агмæ, йæ нывы афтæ фыст уыдис!.. Уымæй уæлдай дзы, мара-зæгъай, æмæ мæ бон нсты ныхас рафæлгъауын бауа: уæвгæ, уый æнæуый дæр метафизикон бы~ цæутæ нæ уарзы. Кæр он
Фиппаинæгтæ Фæззæг (Цæрукъаты А. тæлмац). Мыхуыргонд цæуы «Мах дугæй» <№ 5, 1941, 19 ф.). Балладæ (Цæрукъаты А. тæлмац). Мыхуыргонд цæуы «Мах дугæй» (№ 5, 1941, 19 ф.). Кавказ (Д ж у с о й т ы Н. тæлмац). Мыхуыргонд цæуы «Фидиуæгæй» (№ 7, 1961, 5 ф.). Мæгуыргур (Ардасенты X. тæлмац). Мыхуыргонд цæуы чиныгæй: «М. Ю. Лермонтов. Æмдзæвгæтæ æмæ поэмæ». Цæгат Ирыстоны АССР-ы иаддзахадон рауагъдад, Орджоникидзе, 1939, 5 ф. Феце (Билаонты Б. тæлмац). Мыхуыргонд цæуы «Мах дугæй» (№ 6, 1939, 36 ф.). Романс (Цæрукъаты А. тæлмац). Мыхуыргонд цæуы «Мах дугæй» •<№ 10, 1964, 36 ф.). Наупæлæз (Плиты Г. тæлмац). Мыхуыргонд цæуы Плиты Гришы къухфыстмæ гæсгæ. Тыхст уд (Байронæй) (Къубалты А. тæлмац). Мыхуыргонд цæуы газет «Хурзæринæй» (Хуссар Ирыстоны Коммунистон парти æмæ Центрон Æххæстгæнæг Комитеты оргæн. 1925, № 10, 8 апрелы). Сыхаг (Скифироны тæлм.ац). Мыхуыртонд цæуы чиныгæй: «Скифи- рон. Лирикæ». Цхинвал, рауагъдад «Ирыстон», 1973, 86—88 ф. Бородино (П л и т ы Г. тæлмац). Мыхуыргонд цæуы Плиты Г. къухфыст- мæ гæсгæ. Ахæст (Плиты X. тæлмац). Мыхуыргонд цæуы «Мах дугæй» (№ 10, 1964, 4—5 ф.). «Мæ хъыг, мæ пехуымпарон хъыгыл худгæ ма кæн» (Гулуты А. тæл- :мац). Мыхуыргонд цæуы чиныгæй: «Гулуты Андрей. Мæ фæззыгон най». Чиныгуадзæн «Ир», Орджоникидзе, 1968, 156 ф. Фыццаг хатт мыхуыргонд уыд «Мах дуджы» (№ 10, 1964, 3 ф.). «Дæ хъæлæс куы фехъусык» (Гулуты А. тæлмац). Мыхуыргонд цæуы чиныгæй: «Гулуты Андрей. Мæ фæззыгон най». Чиныгуадзæн «Ир», Орджо- иикидзе, 1968, 157 ф. Фыццаг хатт мыхуыргонд уыд «Мах дуджы» (№ 10, 1964, 3 ф.). 292
Хъазахъхъаг авдæны зарæг (Т æ б о л т ы X. тæлмац). Мыхуыргонд цæуы журнал «Пионерæй» (№ 4, 1939, 6 ф.). Ратæлмац ма йæ кодта Гулуты А. «Аадæны зарæг», мыхуыргонд уыд чиныджы: «Гулуты А. Æмдзæвгæгæ». Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад. Орджоникидзе, 1940, 105 ф. «Ис ахæм ныхæстæ» (Гулуты А. тæлмац). Мыхуыргонд цæуы чиныгæй: «Гулуты Андрей. Мæ фæззыгон най». Чиныгуадзæн «Ир», Орджоникидзе, 1968, 15 ф. Фыццаг хатт мыхуыргонд уыд «Мах дуджы» (№ 10, 1964, 3—4 ф.). «Уацайраг бæгъатыр» (Æ л б о р т ы X. тæлмац). Мьтхуыргонд цæуы жур- лал «Фидиуæгæй» (№ 10, 1964} 34 ф. «Тарæй хæхты тигътæ» (Д ж у с о й т ы Н. тæлмац.) Мыууыргонд цæуы Джусойты Н. къухфыстмæ гæсгæ. Ратæлмац ма йæ кодтой Хозиты Яков, Нигер, Гулуты Андрей, Дзаболаты Хазбч. «Хэзиты Яков. Æм- дзæвгæтæ». Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад, Дзæуджы- хъæу, 1951, 68 ф.; «Нигер. Уацмыстæ». Дзæуджыхъ^у, 1942, 385 ф.; «Нигер. Æмдзæвгæтæ». I том, Орджоникидзе, 1966, 360 ф.; «Гулуты Андрей. Мæ фæз- зыгон най». Чиныгуадзæн «Ир», Орджоникидзе, 1968, 159 ф.; «Дзаболаты Хазби. Уацмыстæ». Чиныгуадзæн «Ир», Орджоникидзе, 1974, 288 ф. Фыдызæхх (Д ж у с о й т ы Н. тæлмац). Мыхуыргонд цæуы журнал «Фи- диуæгæй» (№ 7у 1961, 5—6 ф.). Айнæг (Гулуты А. тæлмац). Мыхуыргонд иæуы чиныгæй: «Гулуты Андрей. Мæ фæззыгон най». Чиныгуадзæн «Ир», Орджоникидзе, 1968, 161 ф. Фыццаг мыхуыргонд æрцыд («Айнæг-хох») «Мах дуджы» (№ 10, 1939, 25 ф.); 1940 азы — чиныджы: «Гулуты А. Æмдзæвгæтæ». Орджоникидзе, 1940, 76 ф. Быцæу (Нигеры тæлмац). Мыхуыргонд цæуы чиныгæй: «Нигер. Фыц- щаг том. Æмдзæвгæтæ.» Цæгат Ирыстоны чиныгуадзæн, 1968, 359—360 ф. Ратæлмац ма йæ кодта Хъайтыхъты Г. Мыхуыргонд уыд журнал «Мак дуджы», № 10, 1964, ф. 7—13. Фын (Барахъты Г. тæлмац). Мыхуыргонд цæуы журнал «Фидиуæ- гæй» (№ 10, 1964, 35 ф.). Тамар (Барахъты Г. тæлмац). Мыхуыргонд цæуы журнал «Фидиуæ- гæй» (№ 10, 1964, 34—35 ф.). Ратæлмац ма йæ кодта Гурджибегты Б. .Мыхуьгргонд уыд чиныджы: «Гурджибегты Б. Уадзимисты æмбурдгонд», Цæ- гат Ирыстоны чиныгуадзæн. Орджоникидзе, 1966, 61—63 ф. Тулдзы сыф (Плиты X. тæлмац). Мыхуыргонд цæуы «Мах дугæй» .(№ 10, 1964, ф. 5). Æз фæцæуын иунæг æмæ хъусæй...» (Джусойты Н. тæлмац). (Мы- „хуыргонд цæуы журнал «Фидиуæгæй» (№ 7, 1961, 6 ф.). «Æхсидгæ уарзт нæ кæнын дæу, миййаг...» (Гулуты А. тæлмац). Мы- хуыргонд цæуы чиныгæй: «Гулуты Андрей. Мæ фæззыгон най». Чиныгуадзæн -«Ир», Орджоникидзе, 1968, 160 ф. Фыццаг хатт мыхуыргонд уыд «Мах ду- джы» (№ 10, 1964, 4 ф.). Дзуар айнæгыл (Ардасенты X. тæлмац). Мыхуыргонд цæуы чины- 293
гæй: «М. Ю. Лермонтов. Æмдзæвгæтæ æмæ поэмæ». Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад, 1939, 12 ф. Каллы (скъуыддзаг) (А р д а с е н т ы X. тæлмац). Мыхуыргонд цæуы» «Мах дугæй» (№ 10, 1939, 18—20 ф.). Хаджи-Абырæг (П л и т ы Г. тæлмац). Мыхуыргонд цæуы Плиты Г. къух- фыстмæ гæсгæ. Испайнæгтæ (П л и т ы Г. тæлмац). Мыхуыргонд цæуы Плиты Г. къух- фыстмæ гæсгæ. Цалдæр хайы дзы мыхуыргонд цыд журналты «Мах дуг» (№ 10, 1964, 7—13 ф.;) æмæ «Фидиуæджы» (№ Ю, 1964, 37—43 ф.). Ашик-Кериб (Æ м б а л т ы Ц о ц к о й ы тæлмац). Мыхуыргонд цæуы чиныгæй: «Цоцко Амбалов. Ашик-Кериб». Владиказказ. Электропечатная А. Г. Габисова, 1915. Ратæлмац ма кодтой аргъау Маккæты А., Дзанайты С, Бæдоаты Т. Ашик-Кериб М а к к æ т ы А. тæлмац. Хиррауагъдэд, Сталинир, 1938. Ашик-Кериб Дзанайты С. тæлмац, журнал «Пионер» (№ 5, 1941г 28—37 ф.). Ашик-Кериб Б æ д о а т ы Т. тæлмац. Цæгат Ирыстоны чингуыты ра- уагъдад, Орджоникидзе, 1963. Мах рæстæджы сгуыхт лæг (Ц о м а й т ы X. тæлмац). Мыхуыргонх цæуы чиныгæй: М. Ю. Лермонтов. Мах рæстæджы сгуыхт лæг». Цæгат Ирыс- тоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад. Дзæуджыхъæу, 19Ы.' Фыццаг хаттг мыхуыры фæзынд 1939 азы.
ооо СÆРГÆНДТÆ Разныхас Æмдзæвгæтæ Фæззæг (Цæрукъаты А. тæлмац) Балладæ (Цæрукъаты А. тæлмац). Кавказ (Джусойты Н. тæлмац) Мæгуыргур (Ардасенты X. тæлмац) Феце (Билаонты Б. тæлмац) Романс (Цæрукъаты А. тæлмац) Наупæлæз (Плиты Г. тæлмац) Тыхст уд (Байронæй) (Къубалты А. тæлмац) . Сыхаг (Скифироны тæлмац) Бородино (Плиты Г. тæлмац) Ахæст (Плиты X. тæлмац) «Мæ хъыг, мæ пехуымпарон хъыгыл худгæ ма кæн»... (Гулу- ты А. тæлмац) «Дæ хъæлæс куы фехъусын»... (Гулуты А. тæлмац) .Хъазахъхъаг авдæны зарæг (Тæболты X. тæлмац) «Ис ахæм ныхæстæ»... (Гулуты А. тæлмац) . Уацайраг бæгъатыр (Æлборты X. тæлмац) «Тарæй хæхты тигътæ...» (Джусойты Н. тæлмац) Фыдызæхх (Джусойты Н. тæлмац) Айнæг (Гулуты А. тæлмац) Быцæу (Нигеры тæлмац) Фын (Барахъты Г. тæлмац) Тамар (Барахъты Г. тæлмац) Тулдзы сыф (Плиты X. тæлмац) «Æз фæцæуын иунæг æмæ хъусæй...» (Джусойты Н. тæлмац) «Æхсидгæ уарзт нæ кæнын дæу, миййаг»... (Гулуты А. тæлмац) Дзуар айнæгыл (Ардасенты X. тæлмац)
Кадджытæ Каллы (скъуыддзаг) (Ардасенты X. тæлмац) 28 Хаджи-абырæг (Плыты Г. тæлмац) 30 Драмæ Испайнæгтæ (Пяиты Г. тæлмац) 44 Прозæ Ашик-Кериб (Æмбалты Цоцкойы тæлмац) .... 133 Мах рæстæджы сгуыхт лæг (Цомайты X. тæлмац) . . .14? Фиппаинæгтæ 292 МИХАИЛ ЮРЬЕВИЧ ЛЕРМОНТОВ Избранные произведения Перевод на осетинский язык Редактор К. X. X о д о в Художник В. А. Б и д ж е л о в Художественный редактор У. К. К а н у к о в Техиический редактор А. В. Я д ы к и н а Корректоры 3. У. Д з у ц е в а, А. Ф. Годжиева, И." X. Джанаева ИБ № 706 Сдано в набор 18.05 51, Подписано к печати 29,07,81, Формат бумаги 60х841/,6- Бум. тнп. Л’о 1. Гари. шрифта литературная. Печать высокая. Усл. п. л. 17,20. Учетно- изд. лнстов 17,22, Тираж 2000экз, Заказ № 10710, Цена 1 руб, 70 коп, Издательство «Ир» Управлення по делам издательств, полиграфнн и книжнон торюв- ли Совета Министров СО АССР, 362040, г. Орджоникидзе, ул. Димитрова, 2. Книжная типография Управления по делам издательств, полиграфни и книжнэн торгов- ’ ли Совета Миннстров СО АССР, 362011, г. Орджоникидзе, ул. Тельмана, 16.