Text
                    СЕЧЪЫНАТЫ ЛАДЕМЫР
/æллЩыРаг
РАДЗЫРДТÆ
шшг
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ РАУАГЬДАД
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1963


Сечъынаты Ладемыр Дзæрæхы фырт .райгуыр- дис Алагиры (Хърупсы) 1921 азы. Ладемыры уац- мыстæ мыхуыры зынын байдыдтой 1947 азæй фæс- тæмæ газет «Рæстдзинады» æмæ журнал «Мах Дуджы». Уый фыссы сатирикон радзырдтæ; ныф- фыста цалдæр повесты дæр. Æрыгон прозаикмæ ис æрдзон юмор. Йæ радзырдты æвзаг у хъæздыг, ныв- æфтыд, æнцонæмбарæн. Автор ныв кæны адæмы уарзон хъæбулты сурæттæ, фæлгонцтæ. Йæ цыргъ ныхæстæй тох кæны, фыдæлтæй ма нæ царды цы аппаринаг æгъдæуттæ æмæ хъуыддæртæ баззадис, уыдоны ныхмæ. Худы магусатыл, дингæнджытыл, давджытыл, бюрократтыл, дам-думгæн’джытыл æмæ алыхуызон æвзæрдзинæдтыл. Ладемыр чиныгкæсæг дзыл^æты иумæйаг тæр- хонмæ хæссы йæ радзырдты фыццаг æмбырдгонд, æнхъæлмæ кæсы, цæмæй йын уыдон феххуыс кæной йæ дарддæры литературон куыстæн æмæ рæзтæн. В. ДЗ. СЕКИНАЕВ АЛАГИРСКИЕ КАРТИНЫ Сборник рассказов на осетинском языке Северо-Осетинское книжное издательство Орджоникидэе * 1963
ДИССАДЖЫ ФЕМБÆЛД æгдзарм фидар у, æвæдза, кæд тæ- нæг у, уæддæр: бирæ быхсы, æн- дæр Алихан хъæздыг Къуыллытæм æххуырстæй куы куыста, уæд ууыл цал æмæ цал нады ауад, афтæ- мæй, сатæг æхсæрау, къоппæй куын- нæ фæхауд, къоппæй, мæгуыр йæ бон!.. йæ бындар фæуæд, кæд ма уый нæ архайдта: уæ, хъуццытæ нæ дыгъта, уæ, хос нæ карста, уæ, кæрчыты къæхтыл гакк нæ кодта, уæ, дон нæ хаста, уæлæ хъæуы сæрмæ цы суадон ис, уырдыгæй!.. Æмæ йæм цынæ куыст хауд! Тутайы сыфтæ тонын дæр уымæ каст. Хурхы онг, иу- ныхасæй, куыстытæй. Нытту-иу кодта фырмæстæй, фыртыхстæй сау зæххыл. Йæхи амарыныл дæр бирæ хæттыты афæнд кодта, фæлæ йæ, куыд фæзæгъынц, йæ уд сисынмæ дæр никуы равдæлдис. Гъе, уæддæр йæ фыдæбон бæсты нæ цыд. Уæдæ Алихан йæхæдæг хъæмпынсæр хæдзары хи- цау куы сси, уыцы рæстæгæн дæр рæстдзинад — æвди- сæн: кæд ма æгас дунейыл фæдис ныхъхъæр кодтаид, хъæздыджы.тæ мын мæ мæгуыр сæр æд хъуынтæ хæрынмæ схъавыдысты, зæгъгæ. Гъемæ уымæй дæр цы пайда уыдис: уый хуызæн æнæбон, æнæнымад дзыл- лæтæн сæ фæдис дæр цы мардта? Гъы, бæх æм уыд æмæ уый дæр, Алиханæн, йæхи загъдау, хуыцауæй арфæгонд нæ фæцис: раздæр ку- лактæй кæйдæр къухы’уыди æмæ йын йæ хъарутæ æнауæрдонæй ныллæмæрстой, стæй уый фæстæ йæ дзе- 3
дзыройы бонтæ Алиханмæ æрхаудысты. Афтæмæй, марадз, куыннæ ахæцыдаид уый дæс бинойнаджы фæдарыны фаг... фосæй мæгуыр æцæг мæгуыр у, æвæ- дза, фæлæ уæддæр сæ дыууæйæ чи тæригъæддагдæр уыдис, уый хæйрæг дæр нæ раиртæстаид. Уый æмæ дын йæ сыхаг Гагуыдз, туг ыл ставд æр- тæхтæй фæуара адæмы тæригъæдæй! Йæ къух уазал доны дæр нæ тылдта, афтæмæй бухъхъ цард кодта. Цæмæй сбухъхъ кæнай, уый куы уа, уæд цæуылнæ, дæ хорзæхæй! Дыргъбæлæстæ йæм, хуымгæнды дæсгай дæсæтинтæ, долапи куырой... Уæдæ йæ фосы нымæц зонгæ дæр нæ кодта. «Уæддæр фиййæуттæ æмæ бирæгъ- ты амæдтагæн фондз-дæс сæры бæрц иугуыр нымæ- цæй æппарын хъæуы», — афтæ зæгъаг уыд йæхицæн Гагуыдз. Байхъус-ма уый мæгуыры хъарджы- тæм!.. Æмæ уытæппæт диссæгтæ дæр æгъгъæд нæ уыдыс- ты Гагуыдзæн, фæлæ ма йын хъæуы хицау хъалон æмбырд кæнын дæр йæ бар бакодта. Гъа, бирæгъ, да- лыстæ де ’вджид: стигъ æмæ минас кæнæм, ома. Га- гуыдзæн та дын ахæм хъуыддаджы кой скæнай: йамардзæ, зæгъгæ, йæ разæй къуымбил кæнгæ хъæуы адæмы иугай:дыгай æд хъалон дæлæ Даргъ- Къохмæ. Иуæй-иутæ-иу сæ къубæлтты цъæрттыл ныххæцы- дысты æмæ йын стыр сомытимæ лæгъстæ кодтой: — Нæй, мæ рæстæг нæу хъалон бафидын, Га- гуыдз... æз дæ мад, дæ фыды уазæг, ныххатыр кæн... Афтæ дзурын-иу æм чи бауæндыдаид, кæддæрид- дæр æм уыдонæн æууылд ныхæстæ уыдис: «Нæл дæ, сыл дæ — ныззай, уæддæр паддзахы зæрдæхудты дæхи ма бафтау дын зæгъын, — дæ сыкъатæ асæт- дзынæ!..» — Махæн сыкъатæ куы уаид, уæд фыццаджыдæр кæй артæнтæ рауадзын хъæуы, уый бæргæ зонæм, фæлæ йæ бæллæх дæр уый у, æмæ нырма гобæтæ стæм,—къæрцц, зæгъгæ, йын иуахæмы Алихан,—тæк- кæ стыр куадзæны къæсæрыл... Нал æм бабыхсыдис, стæй æнæуи дæр æмбуар цæрæг кæй уыдысты Гагуы- дзимæ, уымæ гæсгæ йæм арæх сфæразаг уыд уæндон 4
ныхас скæнынмæ. Æнæуи дын æндæр исчи хъыпп- сыпп бауæндæд, æмæ дзы Гагуыдз дыууæ цармы растигъа. Алиханы ныхæстæ айхъусгæйæ, Гагуыдз сæ тæккæ кулдуары ныхмæ æваст йæ чъылдым фездæхта, йæ къуызыртæ лæдзæг стылдта æмæ æррайау хъæр- тæ кæны. — Нцъа! Æддæмæ! Æнæрай дæ къонайæ, кæд ца- вæр куыдз дæ! — Дае хуытъынæн дын тæбæччы хос чи кæндзæн, ахæм, хæрæджы сæфтæг! — йæ цæстытæ фæирдгæн- гæйæ, сдзырдта Алихан æмæ фæраст, уæззау къахцæф- тæй йæ хæдзармæвæндаг баргæйæ. Згъоргæ куы акодтаид, уæддæр ма йæ баййæфтаик- кой Гагуыдзы сæтæйдзаг ныхæстæ: — Еуæ, дæумæ кæсын!.. Рæвдздæр змæл, цалын- джы дыл паддзахы æрмахуыргæнæн штъраф не ’рмы- хуыр кодтон, уæдмæ! Цалдæр боны фæстæ Алиханы чъехи бæх хъæуы кæронæй атылдта уæрдон, æмæ фæндаг Даргъ-Къо- хырдæм куы фæуырдыг, уæд йæ рыст зæрдæмæ рухсы цъыртт фæхæццæ ис райдзаст, уæрæх быдыры... Æвæццæгæн æм афтæ фæкастис, цыма. йæ фæллад уæнгтыл, йæ рыст хæцъæфтыл ницыуал уæз æнцадис... Æмæ йыл, æвæдза, уæз дæр цас уæз уыдис!.. Алихан нæма сбадтис уæрдоны. Дыууæ къахдзæфæн йæ лæ- дзæг иу ист кæнгæйæ, уæрдоны рахиз фæрсты цыд Алихан. Йæ хæдфæстæ та Тæтæрхъаны уæрдон тылд. Царды æппæт фадæттæм æркæсгæйæ, уый дæр Али- ханæй бирæ рæвдздæр нæ уыд, фæлæ фосæн батæри- гъæд кæнын йæ фæсонырхæджы дæр никуы ’рцыд. Ныр дæр Гагуыдзимæ, рæтæнагъдыл бадгæйæ, сæ къæхтæй цоппай кодтой суанг Даргъ-Къохмæ. Иу къахдзæф нæ акодтой фистæгæй уый дæр æмæ Гагуыдз дæр, нæ ра- хызтысты бæхы рагъæй. Куы æрхæццæ сты, уæд Га- гуыдз Алиханмæ дзуры: — Дæ цуры æйчытæ, нæлхæ æмæ сæгуытдзарм Тæтæрхъаны уæрдонмæ баргъæв æмæ сæ нæхи хæдза- ры балæууын кæна. Миййаг дыл, æхсæв цæугæйæ, балбирæгътæ куы сæмбæлой, Тæтæрхъан, уæд та-иу дæ бæх æмæ дæхи уд бахъахъхъæныныл ма су. Гуыф- о
фæйы кæй ласай, уыдонæй мацы фесæфæд, штъраф дыл æрмæхуры чысыл кæндзынæн! Фехъуыстай?! Ницы сдзырдта Тæтæрхъан. Йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта, стæй арф ныуулæфыдис æмæ рараст Гагуыдзы исæггæгтимæ. Алихан Бонвæрноны скастмæ баззадис, кæд æй йæ цола бæх фæстæмæ фæхæццæ кæнид, зæгъгæ. Фæлæ æгæр афынæй æмæ куы рано кодта, уæдмæ хур хохы чъылдымæй йæ сырх был сдардта. * Мæгуыр лæгæн райсомы сатæджы фылдæр суайын куы бантыстаид, ууыл архайгæйæ-иу чъехийы рагъ æрхоста уисæй, фæлæ ууыл нал уыдис бæх. Цас йæ бон уыдис, мæгуыр, уыйбæрц хъуыста æмæ стъæл- фыдис йæ хицауы æвзыстытæй. Фæндагыл уæрдоны фæд задис зул-мултæй. Сæууон рог уæлдæфы хъаз- гæйæ, цъæх арвы быдыртæм тырныдтой мæргътæ. Æр- мæст дзæгъындзæг фæндагмæ æввахс иу къудзийæ ин- нæмæ рагæпп-багæпп кодта, йæ къæр-къæр æмæ йæ къæдзилæй цоппай нæ уагъта. Тилыны обаумæ нæма схæццæ ис Алихан, афтæ тамако тухын райдыдта æмæ йе ’взаг гæххæттыл дыу- уæрдæм куы адаудта, уæд йе ’нгас йæ разæй фистæг цæуæджы фæсонтæм фæкомкоммæ ис. Хæрис уисæй бавзцстытæ кодта бæхмæ. Чъехи мæнæ-мæнæ бай- хъусаг нæ уыдис æвзыстытæм, фæлæ уæддæр схæстæг фæндаггонмæ. — Рухс цардмæ дæ фæндаг, хорз лæг! — сдзырдта Алихан, йæ худ къæбутырдæм фæбырын кæнгæйæ. — Куыд дæм кæсын, афтæмæй дæ ных мæ хъæумæ са- рæзтай?.. — Арфæгонд... Ды дæр ахæм амондæй хайджын у, — дзуапп радта æнæзонгæ лæг. — Хъавын уæм, кæд уæхимæ уазæг уадзут, уæд... — Уазæг — хуыцауы уазæг, фæлæ ма мæнæ мæ уæрдонмæ схиз. — Нæ, нæ, бузныг. Фистæгæй дæр хæццæ кæн- дзынæн... — Хатыр бакæн, фæлæ мауал чъеппытæ кæн фæн- даг дæ зæнгтæй: зæххы тымбылæг далыс нæу, — нæ йæ алвындзынæ. 6
Лæг бахудти Алиханы ныхæстæм. Уыди, нæ уыди, уæддæр Алихан йæ ныхæстыл цæх- гæр ныллæууыд æмæ сбадын кодта фæндаггоны, стæй йæм сдзырдта, чъехи уæрдоныл куы ахæцыдис, уæд: — Дæ ном дын нæ зонын, фæлæ мæнмæ «Алиха- нæй» дзур. Фæндаггон фыццаг фæрсæгау Алиханмæ бакаст, стæй, йæ мидбылты бахудгæйæ, афарста: — Уый дæр дзы хъæуы?.. — Махмæ афтæ у, дæхимæ фен... — Мæ ном — Серго. — Кæд ма исты зонын, уæд гуырдзиаг... и? — ба- фиппайдта Алихан. — Серготæ æмæ Гоготæ уыдонмæ ис. Мах хъæумæ æфцæгыл рауайаг сты истытæ аку- сынмæ, æмæ сæ зонын. Хорз пълондиктæ стут, гуыр- дзы, фæлæ уыцы сырх хъæдурмæ æгæр-æгæр æмхиц вæййут, кусгæйæ. Мæгуыр лæджы хæдзары цæхæрайы фых, джанджули1 цæхдон, фæнычы фых картофтæдæр ахæрын фæхъæуы, æндæр, дæ бон дæ уа, кæм ис, кæм, алы бон хъæдур?.. Хъæздыджытæ нын нæ тæнтæ ас- тæуы хъæдтыл сæмбæлын кодтой, хурхытæ" æлвасынц æмæ æлвасынц... Паддзах дæр, дам, æппæрст бæргæ æрцыд, уæд ма сæ, арв æй æркъуыра, йæ хъарм роны чи дары?.. — Ау, æмæ хъæбатыр адæм куы стут, — зæгъы Серго, — уæд хъæздыджыты ныцъцъист кæнын уæ бон нæу? Сæ бынæй сын рухс суадзут уæдæмæ!.. Кæдмæ быхсæн ис? — Аипп ма уæд, фæлæ мæм дæ ныхас куыддæр кæ- сы, — фæтагъд кодта дзуаппмæ Алихан. — Исчи йæ- хи сафы?.Иу хъæздыджы амар, æмæ нæ уый сæрмæ æнæхъæн хъæуæй дæр бынсæрфт ныккæной... Сæ бон у, хъару уыдонмæ ис. Цас хæстæгæй-хæстæгдæр кодта хъæу, уыййас хæ- дзæртты агуыридуртыл тæвд уæлдæфы тыбар-тыбур бæлвырддæрæй сысыд. Чъехи хуымæтæджы хид нæ, фæлæ сфынки. Сергойы былтыл Алиханы æрдæбоны 1 Джанджули — тъæпæнгæрдæг, лыстæг хуымты астæуты зайы 7
ныхæстæм гæсгæ худæг февзæрд, æмæ гуыбыр фындзы бынмæ фемраст сты сау рихитæ. йæ бухЖр цъупхуд къæбутырдæм фæбырын кодта, стæй зæрдæмæдзæугæ хъæлæсæй райдыдта ныхас: — Нæ хъарутæ баиу кæнгæйæ, тохæй куынæ рай- сæм нæхицæн бартæ, уæд ноджы уæззауДæр бадт кæн- ’дзысты не ’уæхсчытыл хъæздыджытæ. Æгъгъæд фæуæд быхсынæн! — афтæ хъуамæ зæгъæм æмдзы- хæй. Тох! Æрмæстдæр тох, карз тох! Кусæг къласс нæ разæй, афтæмæй тохмæ, цæмæй ссæст, цагъайраджы дуджы æфсæртæ ныссæттæм æмæ, рухс царды уæ- рæх фæндæгтæм рацæугæйæ, нæ риуты дзаг су- лæфæм. Æнæуынгæ уæззау цыдæр æрхаудис Алиханы сæ- рыл. Джихæй баззадис. Уайтагъд æм йæ зæрдæ сдзырдта хуымæтæджы «пълондикимæ» кæй нæ фем- бæлд, уый. — «Уастæн, ме ’взагыл уайæгой куы абад- таид фæлтау, — хинымæр æфхæрдта йæхи. — Бæрæг- дæр мæгуыр адæмы амондæн ног цард чи аразынмæ хъавы, уыцы студенттæй у... Хæрзаг ма зæгъа, ацы фæлхæрстыл та мæ чи сæмбæлын кодта?»... Чъехи фæъагъддæр кодта йæ цыд. Йæ хъустыл-иу бæргæ схæцыд, фæлæ уырдыг нæ лæууыдысты. Иæ мæргъгæты рыст дæр дзы æрбайрох, тагъд фæндаг санчъехтæй нымад фæуыдзæн, зæгъгæ, уый куы б,ам- бæрста, уæд. Алихан хинымæр йæхи кæй æфхæрдта, кæй бустæ- тæ кодта, фæрæдыдтæн, зæгъгæ, уый йæ цæсгомы хуы- зæй, æвзаджы цъыччытæй, рахиз къухы æваст ри- уыгъдтытæй бæлвырд æвдыста. Серго йæ, æвæццæгæн, фембæрста. — Алихан, цæуылдæр тыхсыс: мацы дæ ферох уæд фæндагыл? — афарста Серго. — Рох та цæй рох!.. Чъехи æд уæрдон, мæхæдæг мæ мæгуыр гæмæх сæримæ рараст дæн æмæ мæнæ бæргæ стæм, фæлæ, зæгъын... Бахатыр кæн, æргом дзураг дæн... адæймагмæ ахуыргонддзинад куы нæ уа, уаёд цы ныццæлхъ ласы дзургæ-дзурын; уымæн йæхæ- дæг дæр ницы раиртасы... Серго та зæрдиагæй бахудтис, æрмæст дзургæ ни- цы скодта. Чъехи хъæуæн йæ арфмæ дзæвгар батылд- 8
та уæрдон. ^Ердзыл йæ тар пæлæз æрæмбæрзынмæ мæнæ-мæнæ кодта æхсæв. Бон аивылдис æмæ йæ фæс- таг рухсы цъ^рттытæ бæрзонд хæхты цъуппытыл сы- сыдысты. Сæнтурс къæлæтæй ныгуылæны сæрмæ лæу- уыдис ног мæй, æмæ, хæмпус мигъы тъыфылты йæхи найгæйæ, куы ныгъуылдис рæстæгмæ, куы та-иу ра- ленк кодта. Хуссарæй улæфыд уæнгтæ рæвдауæг дымгæ. — Æй-джиди, — дзуры Алихан, — ныр де ’уæнгтæ баст ма уæнт æмæ сæ аивæзтытæ кæн!.. Цы сой ивылы, цы, хуссарæй!.. — Тыхсгæ ма кæн, Алихан. Уыдзæн дын рæхджы ахæм фадат, ралæудзæнис, кæмæ бæллыс, уыцы рæс- тæг, — фидарæй дзырдта Серго. — Афтид дæуæн нæ, фæлæ æппæт пролетартæн дæр. Бæласæн йæ зын — йæ акалын, æндæр йæхи уæзæй дæр дзæвгар ныддæрæн вæййы æмæ уæд йæ бакой кæнын æнцондæр у. Адæмы знаг паддзахы кæм афæлдæхтам, уым ын йæ хъузон- тимæ дæр сарæхсдзыстæм. Дарды рохтыл фæстæмæ хæцæн ис, фæлæ йын бауромæн кæй нæй, уый рох макæмæй уæд... Чъехи кулдуары ныхмæ гуыбырсæрæй æрлæугæйæ, æхснырсыд. Пехцел куыдз кæртæй срæйдта, стæй ра- уадис æмæ æгасæй дæр цы уыдис, уымæй цин кодта йæ хицауыл. Серго уæрдонæй куы æрхызт, уæд æм куыдз йæ цыргъ дæндæгтæ февдыста, фæкъæппæввонг алæууыд .бæгуы куыдзау: æвæццæгæн, Алиханæй æдас нæ уыд, æппæтыл цин куы кæна, уый тыххæй йæ гандзайаг куы бакæна. Хæдзары æнæ авгæй фæтæген цырагь сыгъдис, æмæ йæ сырх æвзаджы сæрмæ, къæдз-мæдзытæгæнгæ, змæ- лыд сау, сæгджын фæздæг. Уæларт цæхæрайы фых уы- дис, фæлæ йæ æфсин уазæджы цур æрæвæрынмæ зи- вæг кодта. Æмæ йын йæ хъуыды бамбарьш кæнын дæр не ’нтыстис, стæй аивæй йæ мойы хъусмæ куы фæгуыбыр кодта, уæд Алихан, ардауæгау, хъæрæй сдзырдта: — Худæгæй марыс!.. Истæмæй нæ афсад æмæ цæ- мæй фæнды уæд. Махмæ барæвзарæй нæ хауы минас... 9
Хуыздæр исты куы уаид — нæ буц уазæгæн æй нæ ба- сусæг кæниккам. ,' — Æппындæр ма мацæуыл тыхсут мæн тыххæй,— зæгьы Серго, стæй цæхæрайæ куы сахуыста, уæд ма йæ ныхæстыл афтыдта: — Æвæджиау хæринаг... Буз- ныг, æфсин... Ныхасмондаг уæвгæйæ, æхсæвæры фæстæ Алихан- мæ дзырды бар нал æрхаудис. Иæ хистæр æфсымæр Гæбыц æрбацыдис, æмæ уæд уый Сергоимæ бацай- дагь кодта зæрдæбын ныхас. Гæбыц фендджын, кæ- сын æмæ фыссынмæ рæвдз кæй уыдис, уый Серго уай- тагъддæр фембæрста, уæддæр дыууæйæ дæр кæрæдзи- йæн дзæвгар фæлварæнтæ фæкодтой, цæмæй сæ иу. иннæуыл æргом ныхас баууæнда, уый тыххæй. Дыууæ^ йæ дæр архайдтой ныллæг хъæлæсæй дзурыныл, æнæ къухы змæлдтытæй. Фæстатмæ та, кæд æмæ-иу сæм бинонтæй исчи æрбаввахс, уæд-иу бынтондæр хъус- хъусы райдыдтой кæрæдзийæнсæ хъуыдытæ æмбарын кæнын.Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы кæрæдзийы цух. не ’суагътой уазæг æмæ фысым. Серго цалдæр хатты. загъта уыцы-иу фæдзæхст: «Партион къордтæ æмæ организациты куыст хъуамæ цæхгæрæй здæхт уа уы- мæ, цæмæй рæстæмбис цæрæгзæхкусджытæбамбарой нæ хъуыддаджы æцæгдзинад æмæ æрбалæууой не ’мрæнхъ...» Цыппæрæймаг бон Алихан йæ уазæджы фæдыл хъæуæн йæ хуссар кæронмæ фæцыдис, бæрзонд систа йæ уæлдзарм худ æмæ, хæхты сæрты арвы цъæх риу- мæ кæсгæйæ, зæрдæбынæй къорд хатты загъта: — Адæймаджы амонд дæ фæндараст фæкæнæд! Бæлццон адард ис. Хъуамæ æфцæгыл ахызтаид Гуырдзыстонмæ. Алихан фæстæмæ куы ’рбаздæхт хæдзармæ, уæд æй Гæбыц афарста: — Чи у, уый базыдтай? — Гуырдзиаг у, уый базыдтон, йæ ном—Серго...— дзуапп радта Алихан æмæ тамакойы фæздæг арф ныуулæфыд. — Уый Орджоникидзе у, ме’фсымæр!.. Серго Ор- джоникидзе! 10
«Серго, Серго... Орджоникидзе»... — дзырдта хи- нымæр Алихан, æмæ йæ цæсгом ныррухс, ахæм дисса- джы адæймагимæ кæй фембæлдис, уый цинæй. Хъуы- дыты аныгъуылдис, æдзынæгæй ныккаст йæ мæгуыр хæдзары зæхмæ, стæй йæхи фемраст кодта, къæсæрæй рахызт æмæ йæ цæстæнгас сарæзта æфцæгмæ.
ХЪОСÆДЖЫ æ колхозы стурвос æдылы къоппа- тæ не ’сты, æвæдза: марадз зæгъай, кæд хохмæ, хизæн уæттæм скъæ- рын фæкомынц! Æмæ сыл се ’скъæр- джытæй дæр фаг æхситтытæ æмæ æлгъыстытæ ауайы: «Хе!.. Кард дæ хурхы фæуа, кæдæм фæстæмæ бырсыс, кæд æнæхайыр фос нæ дæ, уæд? Сыдз-мыдзы дæ хуыцау фæцæуын кæнæд, ды мын разгъор-базгьорæй мæ сæр куынæ разилын кæнай!.. Хе!..» Гъемæ сыл, раст зæгъгæйæ, худæн дæр нæй, — ма- шинæ æфсæйнагæй арæзт куы у, æмæ^ма уый дæр куы бастайы хæрдыл цæуынæй. Хизæнуæттæ та уæлæ кæм æмæ кæм сты!.. Уымæй кæд уæларвæй æртæхай, æндæр сæм æнæ хъæды ас- тæуты цæуæн нæй. Комы дымæгæй рацагай æмæ йын йæ къæдз-мæдзытæн, цæхгæр фæхæрдгæнæнтæн фæ- уæн нал вæййы. Ныллæг æхсæр къудзиты æхсæнты фæуæлæмæ кæн, стæй æнусон тæрс бæлæстæм фæхс- тæм куы скæсай, уæд сын сæ цъуппыты цæст нæ фæах- сы: уыцы домбай æмæ æдаслæуд кæнынц, фæлæ сæ уæддæр сæ иуæй-иутæн дымгæ батых кæны, æмæ æр- фæлдæхынц уидагскъуыдæй — тых бадомы тыхы. Уы- цы æнæрайы сæлхæр дымгæ тынг нæбарон у. Хъæдæн йæ бæрзæндты цы бæрз къудзитæ зайы, уыдоны дæр рауигъ-бауигъæй уæлæмæ сырæзын нæ бауадзы, æмæ уыцы чыпытæй баззайынц. Мæхъийæн сбæззыны онг -12
дзы чи сырæзы, уый — сæ егъаудæр. Гъе, уыдон сæр- мæ сты, гъе, Хъосæджы цъæх быдыртæ! Сæ рæсугъд- дзинадæй, сæ дзаджджынхуызæй, се ’нахуыр æвæрд- тытæм кæсынæй адæймаджы цæст никуы бафсæстис. Уæрагмæ кæрдæджы æхсæнæй цынæ хуызон дидинæг сдардзæнис йæ худæн был! Фæлæ сæм никуы æртах- тысты нæ гæлæбутæ, нæ мыдыбындзытæ, нæ сæ цъыс- цъысæгтæ хъыгдарынц сæ уæзбын гæппытæй. Галбын- дзæй налат дæр кæм ис! Амæй знæтдæр стуры мыггаг ма иыууадз, уый рагъыл куы абады æмæ дзы йæ су- дзин куы фæцæвы, уæд ыл аст къахы базайы. Æмæ уымæ дæр æрдзæй не ’рхаудис уым цæрыны амонд. Къогъотæ æмæ дзы бындзыты мыггæгтæн сæ кой, сæ хъæстæ дæр нæй. Æмæ уыцы æнæхайыртæ кæм нæ уой, ахæм ран та фосæн дзæнæт у. Фæззæг куы æрцæуы, æмæ хизæнуæттæй дæлæмæ-дæлæмæ куы рафардæг вæййынц бындзцæрæнты онг, уæд сæ къæдзилтæ змæ- лын кæнынæй сфæлмæцынц. Гъе, уæддæр, йæ бындар фæуа, æнæ адæймагæй нæ фæфидауы Хъосæг! Æмæ хуссарæй ивылгæ рог дым- гæмæ колхозрн фиййæутты хъæлæс азæлын куы бай- дайы, уæд цыма æндæрхуызон фестынц алфамбылайы тигътæ, къардиутæ, æрхытæ æмæ нарджытæ! Æрмæст уыцы рæтты дон кæддæриддæр фæгуыры æртахгай, уымæй дæр искуы æмбæхст, тæссаг ран. * * — Цы фæдæ, цы, Ботас?! — бæрз лæдзæгыл фæ- тæн, дæрзæг къухтæй хæцгæйæ, размæ гуыбыр лæууыд, афтæмæй бафарста Мелыко, — бæрзонд, цъæхдзаст, къæсхуыр адæймаг. Къæсхуыр бæргæ нæ уыдис. Йæ заманты-иу, сихор хæргæйæ, тохъылы фæстаг къаба- зыл ныдзæвгæ дæр бæргæ нæ кодта, æмæ йæ бæрзæй сæры æмвæтæн уыдис, фæлæ йæ ныр йæ з&ронды бон- тæ алырдыгæй дæр æлхысчъытæ байдыдтой. Чи йын сæ йæ хил урс кæны, чи йын йæ астæуы хъæд гуыбыр кæны, чи цæстытыл, хъустыл, уæрджытыл йæ хъару 13
æвдисы... æрмæст ын фиййæутты æхсæн йæ хорзы кой ногæй-ногдæрмæ ивынц... Фиййæутты мусонгæй радзырдæуыдис: «Донмæ фæцæуы, до^нмæ, Мело, — суадонмæ!» Мелыко, æнæ- фезмæлгæйæ, æваст афарста: — Æмæ хæйрæг миййаг у, æви хæйрæджджын? Райсомæй аходæнмæ йæ дыууæ бедрайы куынæ дзаг кæнынц, уæд ын йæ сойджынтæ февзары? «Кæд ма æнгуырæй фæдары?!» — æрдæбоны хъæ- лæсæй та чидæр сдзырдта мусонджы. Мелыко милахуыз нымæтхуды бынæй цъындгаст кодта хохы рагъмæ. Быдырмæ, колхозон станмæ, ер- джены йас цы цъæх фæзтæ фæзыны Хъосæгæй, уы- доныл ам йæ цæстæнгас дæр не ’ххæсти. Сæ уырдгуы- тыл, сойджын кæрдæгыл, хызтис фосы рæгъау. Чъыл- дымырдæм лæугæйæ, Ботасы æрбацыд нæ федта Мелыко, стæй йæ дзурынмæ, йæ хъæрæй худынмæ фез- дæхт. Тигъæй æрбазилгæйæ, æвæццæгæн, Ботасæн йæ хъустыл æрцыдысты Мелыкойы ныхæстæ. Мæнгæй не ’сдзырдта: — Мæ цармы уæ батыхтæуа, уæ иу мæ пиргæ куы кæны, иннæ æлвисгæ, — зæгъы Ботас, дæс æмæ ссæ- дзаздзыд, хорз гайладжы хуызæн бæрзæйджын гуырд. — Уыйас æхсызгонæй мæ цы судзгæ хъуыдда- джы тыххæй агурут? Банк уын æнæ мæ къух æрæвæр- гæ улупайы æхца нæ дæтты, æви цы? Мусонгæй кæй ныхас хъуыстис, уый Хъантемыр разынд. Мелыкойæн ма йæ цы базонын хъуыдис му- сонджы æртыдзыхон дуарæй куы рахызт æмæ, къухтæ сины сæртæм саразгæйæ, фæтæн куы æрæвæрдта хъус- джын дзабырты тъыст къæхтæ, уæд. йæ рæсугъд сау цæстыты къоритæ иуырдæм, иннæрдæм фæ- зылдта, стæй, цыма, ссивинаджы хос дымгæмæ дард- та, уыйау йæ къухтæ сцагъта æмæ хъазæн ныхасæн зæгъы: — Ау, æмæ фыдæлтыккон марды ингæныл рухса- джы тыххæй дæ къухтæ æдасæй æвæрын куы нæ уæн- дыс, уæд æхцайы гæххæтты æрæвæрис дæ къух? Нæ йæм хъусыс, Мелыко, дурхоры фыртмæ!.. — Гæнæн нал ис, зæгъгæ, уæд ноджы ахсджиаг- дæр гæххæтты дæр бахахх кæниккам, — дзуры та Бо- Й
тас, а?лонæн æнгуылдзæй уæлдæфы къæдз-мæдзытæ хахх кæнæгау. — Гъы, гъы, æмæ мæ цы кодтат? — Цы. кодтат, куы зæгъай, уæд дæ æз ницы код- тон, уæртæгдæ Мелыко агуырдта, — дзуапп раттынмæ Хъантемыр фæраздæр ис, мидбылты худгæйæ. — Ботас!.. — Дæумæ хъусын, Мелыко!—хъæрæй, æфсæддоны дзуагоп радта Ботас. Бирæ уарзы йæ хистæры, æмæ йын æхсызгон вæййы иумæ куы адзурынц, уæд. — Радав-ма дæ цæст, æз дæлæ хохы тигъæй акæ- сон... Арæппын æллæх, колхозæй цæхх хæссæг куынæ ис, уæд цы хабар уа! Мæнæ стыр диссаг, ам цы гæнæг стæм, уый сæ рох фæцис?.. Йæхиардыстæн, ам, Хъосæ- джы, нæ фосæй иуыл дæр саси куы фæзына, уæд ма ныл нæ цоты цот дæр зарджытæ кæндзысты, и? — Æнæмæнг афтæ! — сразы Хъантемыр. — Чи ни- куы æрцыдис, ахæм хъуыддаг нын бавзарын кæн- дзысты нæ сæртæн. Ботас, æнæсдзургæйæ, фæраст, сæргуыбырæй му- сонджы фæмидæг ис, стæй дардмæ кæсæн труба, Ме- лыко цæст кæй хоны, уый куы рацæйхаста, уæд ын Хъантемыр аивæй йæ хъусы бадзырдта: <сде ’рфыг дæр æм ратт, æнæ цæстæй ма дзы цы кæныс?» Дыууæйæ дæр бахудтысты. Хъантемыры схъæл ри- хитæ ноджы бæрзонддæр систой сæхи, цæстыты къуыр- фæнтæй фæш1æрдæм æнцъылдтæ абадти. Уадултæ куы æрбамбырдтæ сты, уæд йæ русыл бирæгъы хæсты нос фæаууон. Хъазаг, фæлмæн зæрдæйы хицау, æмæ йыл йæ дыууиссæдз азы дæр дæс æмæ ссæдзæй уымæн зы- нынц. йæ фæтæн риу, раст ног чындзы базау — нæрст, галиуырдыгæй йыл æрттивы Фæллойады Сырх Тыры- сайы орден. Рухсаг уæд Михаил Иванович Кали- нин, уый къухæй йæ райста Хъантемыр — нæ ном- дзыд фиййау. Мелыкоимæ иумæ уыдысты Мæскуыйы. Зæронд лæгæй нæ рох кæны уыцы балц, æмæ ма ныр дæр радзуры: «Хæрзиуæг дæр хæрзиуæг у, фæлæ мæ Михаил Ивановичы ныхæстæ никуы ферох уыдзысты: «Фæллой нæ Райгуырæн бæстæйы нымад у кадджын, намысджын хъуыддагыл. Чидæриддæр йæ куысты зæр- диагæй архайы, уыдонæн нæ хицауад æмæ нæ парти 15
кæнынц стыр аргь. Сымах, æнæмæнг, стут уыцы раз- загдæр адæмтæй». Æниу дын дæ русы нос куыд бас- гæрста æмæ куыд загъта, Хъантемыр: Хи уд дæр, дам, хъахъхъæнинаг у. Сымах, дам, адæймæгтæ стут, æмæ нæ бæстæйæн сымахæй алчидæр цыфæнды хæзнайæ дæр зынаргъдæр у. Советон Цæдисы алыварс дæр ахæм бирæгътæ ис. Æрмæст уыдон дыкъахыгтæ сты. Кæй фæкъæпп кæндзысты, уый нæ хъуамæ рох ма уа... Акса, Хъантемыр, ахуыргондæй адæймаг куыд у: дыу- уæ, æртæ азы нæ, фæлæ дæсгай азты сæрты дæр раз- мæ уыны æмæ рагацау иртасы, куыд уыдзæн, цы уы- дзæн, уыдæттæ». Колхозы хуыздæр адæмты æхсæн кады фæйнæгыл Мелыко æмæ Хъантемыры нæмттæ дæр сты. Хъан- темыр хъазаг адæймаг кæм нæ у æмæ, фæйнæгмæ амонгæйæ, афтæ фæзæгъы: — Гъе, уый хъуыддаг у, гье! Æндæр дæ сауæй сырхмæ рафысс-бафысс куы райдайой, уæд оцани кæй дæ, уый бæрæг у, — æнæ февзыстæй размæ нæ цæуыс. Цæугæ та нæ кæныс уымæн, æмæ дыл зæронд зама- нæй цыдæр пысултæ аззадис, æмæ дыл се уæзæй фæс- тæмæ хæцынц. Хъантемырмæ фидæныл адзурын кæддæриддæр хорз кæсы. Ныр дæр, цалынмæ Мелыко тигъæй йæ кæ- сæнцæстимæ фæстæмæ здæхтис, уæдмæ Ботасимæ зæрдиаг ныхас кодта: — Нæ алфамбылай капиталистон куитæ куынæ уыдаид æмæ куынæ уаид, уæд афонмæ коммунизммæ хæццæ кодтаиккам. Иу адæймагæн дæр æнæфыдæбо- нæй нæ рауадаид, фæлæ йæ аразгæ скодтаиккам, — æз афтæ зæгъынмæ хъавын, стæй мæ уырнгæ дæр кæ- ны, — дзырдта Хъантемыр. — Ныр куыд уыдзæнис, цымæ, коммунизмы рæс- тæджы цард, Хъантемыр? Диссаджы хорз кæй уы- дзæнис, ууыл ныхас нæй, фæлæ йæ хуыз, йæ хуыз? — цымыдисæй бафарста Ботас. «Коммунизм» дзургæйæ йын цыдæр диссаджы æхсызгондзинад йæ зæрдæ кæй хъыдзы кодта, уый йæ худгæ цæстытыл бæрæг уы- дис. —. Ды Мæскуыйы дæр уыдтæ æмæ йæ зон- дзынæ. — Мæскуы нæ, фæлæ ма фосы фæдыл мæхи дыууæ *16
къахæй Хъызлармæ дæр фæцыдтæн, уырдыгæй мæнæ ардæм — Хъосæгмæ, уæдæ Црауы комы дæр уыдтæн, уырдыгæй радæлæ-уæлæ кæн, æмæ Бубы æфцæгæй дæр ахызтæн, фæлæ коммунизмы æз дæр дæуæй уæл- дай нæ уыдтæн абмæ дын цы радзурон! — Хъантемыр бахудтис. — Мæнæ йæ куы саразæм, уæд æй фен- дзыстæм. — А-а, æмæ дын уый та нæ зонын, цы, Хъанте- мыр?.. — дзуапп радта Ботас. — Æмæ уæдæ, — дзуры дарддæр Хъантемыр, — дæлæ иумæйаг фæллойæ фосæн цæхх рарвитын кæмæн не ’нтысы, уый йæ фыркуыстæй къоппæй хауы?.. Раст ныццу æмæ ацы бæрз лæдзæгæй завхозæн дæр æмæ къæбицы хицауæн дæр се ’счъилтæ фæнæм, цæмæй зоной, иумæйаг хъуыддагмæ æргом куыд здахгæ у, уый!.. — Мелыко, кæимæдæр ссæуы, дæ хæрзæггурæггаг мæн. А-гъа, хæрæг дæр йæ уæргътимæ сзынд,— цæхх! Куитæ фæгæппытæ кодтой, уæззау, фæсус хъæлæс- тæй срæйдтой. Иу иннæйы фæдыл, афтæмæй азгъорд- таиккой, фæлæ сыл фиййæуттæ фæхъæр кодтой, æмæ æвæндонæй, къæдзилтæ фæлæмæгъ кæнгæйæ, иуварс айстой сæхи. — А-а! Мухарбег, Мухарбег! — радыгай ныттыхс- тысты фиййæуттæ колхозы фæскомцæдисон организа- цийы секретарыл. — Мæнæ æнæнхъæлæджы!.. Куыд дæ равдæлд, дæ хорзæхæй, махмæ суайын? Мах æн- дæр кæмæдæр æнхъæлмæ куы кастыстæм. — Иунæг хуыцау мæм къæбицы хицауы куы ра- уагътаид!— йæ лæдзæгæй æбæрæг ранмæ февзидгæйæ, иннæтæй уæлдай сдзырдта Мелыко. Мухарбег фиййæутты рæвдауæн ныхæстæм йæ мид- былты худт. Иу къорд хъавды скодта сдзурынмæ, цалынмæ йын ныхасы бар лæвæрдтой, уæдмæ. — Æз, æз ме ’рагъ куы сцæттæ кодтон нæмынмæ,— худгæ æмхæццæ дзуры Мухарбег, — æгæр æрæгмæ уæм кæй зындтæн, уый тыххæй, æмæ мын сымах та хъæбыстæ куы кæнут... Махæй уæм иу, иннæ куынæ зына рæстæгæй-рæстæгмæ ног хабæрттимæ, уæд цар- дæй фæсте баззайдзыстут. Кæд хохы рагъæй алырдæм 2 Уаелладжыраг хабæрттæ 17
фæлгæсут, уæддæр бæстыл цытæ цæуы, уыдон нæ уы- нут æмæ нæ хъусут. Гъер, ацы бонты æгас дунейы... — Иттæг раст дзуры Мухарбег, мæ фыдыстæн! -^ фæтагъд кодта Ботас. — Зонды къуыбылой у, зонды! Мæхи цæстыты цур слæг и... — Фæлæуу-ма, бауадз æй иыхас кæнын... Слæг и1 Рувасы хъæлæсы та стæг и! — æмдзæф дзырдтæй конд уайдзæфæй февзыста Мелыко Ботасмæ, стæй, йæ цæстæнгас Мухарбеджы цæсгоммæ комкоммæ сараз- гæйæ, зæгъы: — Гъы, гъы?.. — Ацы фæстаг бонты æгас дунейы сæрибаруарзæг адæмтæ сæ къухтæ фыссынц Стокгольмы фæсидты бынмæ, мах нæ фæнды, куы уаид хæст, зæгъгæ. Гъе- мæ, мæ цыды сæр дæр сымахмæ тынгдæр уый тыххæй уыд... Мухарбег йæхи къодахыл æруагьта. Уыцы бад* гæйæ иуырдæм сæргуыбырæй фæтасыд; æфсадæй йемæ цы хызын сласта, уый даргъ, нарæг гæрзбосæÆ ауыгъд уыдУйæ фарсыл æмæ уырдыгæй егъау гæх- хæтты сыф сласта. Йæ фыст фарсæй йæ фиййæут- тæм æвдисы, риумæ хæстæг даргæйæ, æмæ дарддæр ныхас кæны: — Иу дæр фæсте нæ баззад колхозонтæй, иууыл- дæр сæ къухтæ бафыстой... æмæ, зæгъын, кæд сымах дæр... — Æмхуызонæй! — Бæрзæйсаст фæуæнт, бæстæты сабырдзинадыл арт чи æфтауы, уыдон! — Мухарбег, мах нæ фæнды, æгас зæххы къори- йыл, кæм фæнды дæр уæд, хæст куы уаид, уый!—фæй- нæ-фæйнæ ныхасы скодтой фиййæуттæ. Æмæ хуымæ- тæджы æнувыдæй!.. — Æрис-ма йæ мæхимæ, — зæгъы Мелыко æмæ райста гæххæтты сыф йæ къухмæ. Мухарбег ын кæ- дæм бацамыдта, уырдæм цæстæнгасæй бахъавыд бæлвырд, æрфгуытæ фæныллæгдæр кодта, раздæр йæ къух хуымæтæджы бауыгъта, стæй арæхстгай, улæфт ныууромгæйæ, æрфыста йæ къух. — Нæ абоны ныхас гъе уымæ рауадис, гъе! — зæгъы Ботас, Мелыкойы фæсонтæм армытъæпæнæй февналгæйæ. 18
-^- Æнцой!.. æнæуй дæр йæд у; мæ къух зыр-зыр кæны фырмæстæй, — бафицпайдта Мелыко. Гæххæтт Хъантемырмæ куы балæвæрдта, уæд ма йæ ныхæстыл афтыдта:—Цы аххосæй цæгъды Амерык Корейы сæри- баруарзæг фæллойгæнæг адæмы?! Цæмæн æвналы йæ сау дзæмбытæй Кореймæ? Кæм ис дунены мидæг ахæм закъон, æмæ йæ сомбоны рухсмæ размæ уæндо- нæй цы адæм бырсой, уыдонæн сæ фыдыбæстæмæ ба- бырс æмæ сæ æнаххосæй æргæвд?.. — Куыд у, куыд, Мухарбег, Корейы хабар? Чер- дæм уæз кæны хæст? — афарста Хъантемыр. Мухарбег æнæуи дæр бæлвырд радзуринаг уыд фиййæуттæн Корейы хабæрттæ, фæлæ йæ «ыр сæхи дзыхæй комкоммæ куы бафарстой, уæд райдыдта ны- хас кæнын. Сæрибарыл тохгæнæг æфсæдтæ сæ рай- гуырæн бæстæйæ америкæгты сурынц, зæгъгæ, йæ ны- хасы кæрон хъæбæрæй куы загъта, уæд Мелыко нал баурæдта йæхи: — Æмæ уæд «атомни бомбæ, атомни бомбæ» куы хъæр кодтой! Кæй фæтæрсын кæнынмæ дзы хъавыдыс- ты, кæ? Нæй, нæй! Се ’стæджы магъз нæй. Уыдон цы хъуыддагыл сæ удæй цæуынц, уый удæгасæй ныгæни- наг у. Рæстдзинад арты дæр нæ судзы æмæ йыл фæ- уæлахизуæвæн дæр нæй. Хъантемыр, ныхæстæм хъусгæйæ, мусонджы фæрс- ты æдзынæгæй кастис арвмæ. Уæлæ Мызурмæ ныххи- зæн рагъы сæрмæ, æнхъызт гуымбыл хуырхы фынчы- тæй йæ был куыд сдары, уыйау изæрырдæм фæлмæн мигътæй йæхи сæвдыста мæй. Хъуыды фиййауы сæры магъзы æгæр-æгæр куы райдыдта агайын, ауадз мæ, зæгъгæ, уæд базмæлыдысты йæ былтæ. — Афтид къухфыст кæронбæттæн хъуыддаг нæу,— дзырдта,—цæмæй нæ бæстæ хъахъхъæд уа, цæмæй æп- пæт дунейы дæр сабырдзинад уа, уый тыххæй махæй алчидæр хъуамæ куса ноджы хуыздæр... Нæ куысты мидæг ма цы хъæндзинæдтæ ис, уыдон баныгæнын хъæуы... Æз æй æргом зæгъын, Ботас: айфыццаг де ’гуыдзæгдзинады аххосæй дыууæ рæуаеды амардис... Афонмæ, гъæйтт-мардзæ, зæгъгæ, хъомыл стуртæм æввахс суыдаиккой, æмæ уæд нæ уаис къæмдзæстыг, 19
Лæ бон уаид зæгъын, иумæйаг фосы нымазд фæфыл- дæр кæныныл архайын хъуыддагæй, зæгьгæ... Рæстæг азгъордта, æмæ æхсæв йæ рздмæ гæппæв- вонгæй æрлæууыд. Æрсабыр æрдз. Дардæй хъуыстис æхсæрдзæны хъæр. Уыцы афон рагъæй-рагъмæ иу кол- хозы фиййæуттæ иннæ колхозы фиййæуттæн иугай рыхæстæй хъæрæй фæкæнынц сæ хабæрттæ, фæлæ ацы изæр уыдис сабыр ныхас сабырдзинады тыххæй. Ахицæн бон. Фиййæуттæ сæ фосы рæгъау æртым-ч был кодтой æхсæвы ривæддонмæ. Цæй диссаг у, цæ, фиййауы цæст! «Нæй та уыцы æнæ^айыр гобæ дыгæр- дыг!» — дзуры Мелыко, рæгъауад фæлгæсгæйæ. Бота- сæн цума зæгъын нæ бахъуыдис, уайтагъд æй кæцæй- дæр æрхæццæ кодта йæ разæй... Мухарбег бузныг уыдис фиййæутты æхсæвæрæй. Йæ тых-йæ бонæй æлхъывта Хъантемыр лалым, афтæ- мæй тагъдис бæзджын мисын. Бирæ ныхæстæ ма хъуыстис мусонгæй, стæй фий- йæуттæй чи бафынæй, чи та йæ сау нымæтимæ ацыдис рæгъаугæс æмæ сабыр фосы хъахъхъæдта сæ фыдыз- нæгтæй ~ бирæгътæй.
ДЗЫГЪУЫР КАРК æстыл хъæууон маргъæй фылдæр ницы уарзта Хъаллæ. Уый та цавæр Хъаллæ у, зæгъыс?.. Хъаллæ — мæнæ сыхæгты ацæргæ зæронд ус у, æмæ уый хорзы кой кæнын. Бæргæ æвгъау уыдис, фæлæ фæзæронд, мæгуыр. Уæддæр ма, раст зæгъгæйæ, мæнæ иуæй-иу- ты куыд æртасын кæнынц ивгъуыд азтæ, ахæмæй йæм ницы ис, фæлæ-иу йæ чызгон бонты, фæддзæгъдæнæй цагъд къуымбилау, хæмпус уадултыл тыххæйты цы цæсгомы цъар æххæст, уый ныр æнцъылдтæ- ныууы- рынгтæ кодтой. Мæнæ ма къæвдайы фæстæ уымæл зæххы уаллон дæр афтæ ныххæххытæ кæны. йæ дыу- уæ даргъ дзыккуйы иу быдæн дæр стæнæг сты. Сæры хъуынтыл царды фæззæг халас æрæвæрдта. Фæлæ уæддæр цæсгом йæ хуыз нæ аивта, — куыд таргъуыз уыдис, афтæмæй баззадис. Ныртæккæ дæр кæд фæ- карджын, уæддæр ма уый кæрчытæ, гогызтæ, хъазтæ æмæ бабызты дзугтæм чидæриддæр бабæлдзæн. Раст кæрты фидауц сты, кæрты! Райсомæй кæркдоны дуар куы фегом кæны æмæ уырдыгæй, æз фæраздæрон, зæгъгæ, куы рапæр-пæр кæнынц мæргътæ æмгуыппæй, уæд уыдонмæ бакæс! Уыцы рæстæджы зын бамбарæн вæййы, чи сæ кæуыл тынгдæр фæцин кæны: мæргътæ Хъаллæйыл, æви уый йæхæдæг мæргътыл. Фæлæ, уастæн, гæныстон фæуæд адæймаг*. æнæ хъулон митæ кæнгæ нæ зоны... Гъер, 21
Хъаллæ нæу? Æнæсайд, рæстзæрдæ, æиæуæлдай миты хицау адæймаг... Уый дæр йæ дзыгъуыр каркмæ уæл- дай цæстæнгас дары. Бонизæрмæ дæр быхсдзæн, уæд- дæр иу гага нæ аппардзæн, йæ дæларм цы чысыл бæрз кæфой фæдары, уымæй, цалынмæ уыцы каркыл йæ цæст æрхæца, уæдмæ. Æмæ йæ иуахæмы уымæн афарста Афассæ (Тæ- бæгъсæрты Бибо рухсаг уæд, — уый æфсин уыд Афас- сæ, Хъаллæйæн та — йæ хæрз хо, æмæ сæм уазæгуа- ты сæмбæлд): — Дæ мæрдтыстæн, мæстæймарæгау та ма сæ цы фæкæныс дæ кæрчыты? — Æниу мын сæ гæггуыритæ куы.схауиккой се ’гасæн дæр, уæддæр иу нæмыг аппарйн æнæ мæ дзы- гъуыр карк фенгæ. Дзиу, дзиу, дзиу, дзиу! — æнæ йе ’ргом раздахгæйæ, дзуапп радта Хъаллæ. — Ай дын æмбисонд, гъе! — мидбылты худгæйæ сдзырдта Афассæ. — Сызгъæрин æйчытæ дын ма æф- тауæд, миййаг? Хъаллæ нартхоры нæмгуытæ тауæгау куы айзæрста кæрчытыл, уæд йæ кæфой галиу къухæй цоппай кæн- гæйæ, кулдуары ныхмæ сарайы тъахтиныл æрбадтис. Дзыгъуыр карк-иу чердæм фезмæлыдис, уыцырдæм-иу йæ цæстæнгас ахаста, æмæ бузныг худтæй змæлыдыс- ты йæ былтæ. — йæхæдæг мын кæй у сызгъæрин, уый æгъгъæд нæу, фæлæ ма мын æйчытæ дæр сызгъæринтæ куы æфтауид!.. Æмæ, мæ судзгæ мæрдтыстæн, æцæг æмби- сонды карк у. Æз дын уый хабæрттæ куы фæдзурин сæрæй къæдзилмæ, уæд кæуылты сты, кæуылты!.. «Цавæр тынг æй ныккодтай, карк йедтæмæ ма исты у, дзыгъуыр карк йедтæмæ?» — хинымæр сдзырдта Афассæ, фæлæ уæлæмæ иу ныхас дæр не ’суагъта, Хъаллæмæ дарддæр хъуыста. — Амæн, мæ хур, йæ мад бур карк уыдис. Æллæх, йæ арты бынæй рухс скæла, уый хуызæн æнувыд къуырттыл фæбадынмæ мæ хæдзары маргъ никуыма равзæрдис! Æмæ дын æй уæд иуахæмы куынæуал уа- дзин къуыртты бадын: гъеныр мæ нал хъуыдис цъиу- тæ. Айк нал уагътон æфтуаны, йæхи йын-иу раппæр- стон., Кæс æмæ та-иу ногæй сбадт. Цыбыр ныхасæй, 22
йæ кæнон бакодта æмæ ма цы æртæ айчы æрыфтыдта, уыдоныл бадынтæ бацайдагъ ласта æмæ сын, мæ хур акæнай, сæ иу куы фæлæхъуг кæнид, иннæтæй сынты базыры хуызæн дыууæ цъиуы куы рауадзид. А-мар- дзæ, зæгъгæ, хæссынтæ сæ райдыдта æмæ уæрцц зæгъин, фæлæ уæрццæй егъаудæртæ фесты уайтæккæ дæр. Диссаг куыннæ уыдис уымæ бакæсын, уый сæ куыд æнувыдæй рæвдыдта, уымæ! Хорз, лæгтыдзуар дын хорз ракæна... Уæд дын иу бон уæртæ быруйы цур, тæккæ кæркдоны дæллаг фарс, карк рыджы йæхи æвдулы, йæ цъиутæ дæр æй фæзмæгау кæнынц йæ фæйнæфарс. Замманай’сæрдыгон хурбон: æнæ мигъ арв, æнæ дымгæ... Стæй сыл, иунæг хуыцау æй базыргай бакæна, цъиусур йæхи рауагъта, дыууæ цъиуæй иуы йæ ныхтæ фæсагъта æмæ йæ цæстыфæныкъуылдмæ фæаууон кодта... Ахаста йæ, уæдæ цы!.. Ныр-иу карк цыдæр æнахуыр хъæлæсæй куы ныффæдис ласта, уæд уый тæригъæдæй мæхицæн дæр уайтагъд мæ цæстыты сыг фемæхст. «Хъихъхъ», зæгъгæ, æмæ та-иу йæхи хæрдмæ фехста. Уалынмæ кæсын, æмæ зæххыл фæхъил ис, йæ гæндзæхтæ ацагъта, къубал æмæ къæх- тæ æлвæст даргъ акодта, стæй сабыргай йæ зыр^зы- рæй банцад, æмæ ма йæ бæргæ рауигъ-бауигъу., №А[Ф\ фæлæ ницыуал, йæ зæрдæ аскъуыд йæ яъæоуЛА.■**&* тæй, мæ игæр ын айхæла. — Кыс, дæ ныхас ма ферох кæн... — æваст фæ- къуыхцы кодта Хъаллæйы Афассæ, йе ’ргом чысыл лæппумæ фездахгæйæ. — Рауай-ма мæм хæстæгдæр, дæ фæхъхъау фæуон, рауай, мæ хъæбысы дæ акæнон, мæ къона... Иæ ном та уын цы хуины, йæ ном? Хъаллæйы кæстæр чызджы сабийыл ном куы æвæрдтой, уæд номæвæрджытæй кæйдæр æнахуыр ном (кæйдæр, зæгъгæ, дæлæ се ’рвад Хадзыбечыры ном) халæппæрстæй схаудта æмæ йæ Тамерлан, зæгъгæ, схуыдтой. Ныр чысыл Тамерлан йæ хызын æд тет- рæдтæ йæ фарсыл, афтæмæй дыккаг аз згъоры скъо- ламæ. Раст зæгъгæйæ, Хъаллæйы, бар уæвгæйæ, нæ- фæндæгау кодта ахæм ном сæвæрын,—æцæг ирон ном йæ зæрды уыдис, фæлæ дзы, гъе, къæйныхы кой ай- хъуысыны бæсты йæ дзыхыл ныххæцыд. — Мæгъа! — былысчъилæй сдзырдта Хъаллæ. — 23
Чидæр хæлæфы æгас нартхоры кæрийæ дзенкъорыл куыд фæхæст, уыйау мах дæр нæ бирæ ирон нæмттæй цыдæр Мерланыл фæхæст стæм... Мæрдтыстæн, ме ’взаг дæр æм нæ арæхсы. Чысыл Тамерлан тыргътæм схизæн асинтæй æр- гæпп кодта, разгъордта æмæ йæ нана — Хъаллæйы хъæбыемæ йæхй баппæрста. Афассæйæн йæ къухтæ ахъæбыс кæнын æввонгæй аззадысты. — 0, æмæ дын уый дзырдтон, Афассæ...—дарддæр йæ ныхас ацайдагъ кæнынмæ куыд хъавыдис Хъаллæ, афтæ йæ чысыл Тамерлан фæкъуылымпы кодта: — Цы бахæрон, нана? — Уæртæ æхсыры къус фелвас æмæ хъарм нартхо- ры кæрдзынимæ дæхи афсад, мæ къона, цу. — Нæ мæ хъæуы мæн æхсыр... — кæуынхъæлæсæй сдзырдта Тамерлан, стæй йæхи фæиуварс кодта æмæ тæргайхуызæй зæхмæ сарæзта йæ цæстæнгас. «— Гъе, уæдæ ды та мæн нæ хъæуыс. Коммæ чи нæ кæса, ахæм лæппу мæн нæ хъæуы..'. Ой, гæныстон куы фæуиккой нæ рагон ирон митæ! — Хъаллæ йæ ныхас Афассæйырдæм фездæхта. — Адæймаджы сæр разилы са^кæнынæй... Гъеныр, мæнæ сабитæй фескъуыдтон 1(йх'Н^\уымбылтæ, иу дыууæ боны æхсырыл дæр фæа- уа^<лъ&. Цы бачина, дæ хорзæхæй?.. Дæлæ, мæ хур, Тотыккатæ рæхджы чындз хæсдзысты, гъемæ уыдон ма бабæрæг кæн, уæд — худинаг æмæ аллайаг. Æмæ, бæргæ, куы æнтысид, фæлæ хур дæр адæмæн се ’пп^е- тыл не ’ххæссы. Гъеныр, ус чи хæссы, уый мæ файну- сты чызджы лæппу у... — Æцæгæй ма, Иналыхъыстæн, кæцæй кæдæмты сты ныр уыдæттæ? Хъаллæ рахиз уæхск йæ русы онг сивæзта, ома: «Мæгъа, фæлæ мæныл цæмæн ахицæн уа æгъдау...» — Цон, æнтысы-не ’нтысы, уæддæр мæ чысыл къо- найы арæвдауын хъæуы, — сцæйстгæйæ загъта Хъал- лæ. — Махæн нæ сывæллæттæ буц ахуыр сты... «Ма- хæн» загъдæуид, фæлæ ныры цот иууылдæр ахæмтæ... Хъаллæ, хæдзармæ бацæугæйæ, йæ фæдыл дуар бассыдта. Хъыг ын уыдис, искæйы цур Тамерлан къæйныхæй кæй ныууоцани ис, уый, æмæ йæм йæ дыу- уæ къухы бадаргъ кæнгæйæ, сдзырдта: 24
— Ныр, уæ бындар фæуат, исчи нæм куы сæм- бæлы, уæд уыл галиумæ базыртæ цæмæн базайы, га- лиумæ?! Гр-р-р! Цавæр у, иу бон, чи уæ цы уарзы, уый нæ, фæлæ æндæр хæринаджы хъæстæ куы фæуат, уæд? Афассæйы хъустыл, æнæнхъæлæджы æрцыдысты уыцы ныхæстæ, æмæ йæ мидбылты бахудт. Стæй Хъал- лæ куы рацæйздæхт, уæд йæ худын басусæг кæныны тыххæй каркæн уыссиу, зæгъгæ, фæкодта. — Цæй, æххæст дын мæ карчы хабар кæронмæ ахæццæ кæнон, æмæ райсомы арт бакæнын афон дæр у, — зæгьгæ, сдзырдта Хъаллæ, ногæй Афассæйы цур куы æрцæйбадтис, уæд.—Дыккаг цъиу баззадис, уæдæ цы кодта, иунæгæй! Иунæг кæм уыдис, — уымæй уæлдай маргъ — бирæ кæрты, фæлæ нал мад, нал йе ’мбал. Мæхинымæры загътон: æнæ схъомыл кæнгæйын нæй, зæхх иннæрдæм куы разила, уæддæр. Æмæ йæ, раст зæгъын хъæуы, схъомыл кодтон. Скарк ис, æйчы- тæ æфтауын райдыдта. Айк та ахæм æфтауы, æмæ ба- бызы айк уый цур лыстæг зыны. Гъе, стæй, туг сыл æруара æмæ фæсмонгондæй сæ мæгуыры хъистæ фæ- хæрой немыц! Стыр къæвдайæн арвы нæрын йæ ра- зæй куыд фæвæййы, уыйау сæ сармадзаны гæрæхтæ куы æрбайхъуысиккой! Хъæуы ма цы адæм баззадис, уыдон хæхтæм сæхи айстой. Уæлæ Бтемырайы-фырт,— партийы хицау, — йæ бирæ æмбæлттимæ адæмæн сæ ирвæзынгæнæг уыдис уыцы æвзæр заманы. Иуæй-иу мад æмæ фыд сæ цотæн уынаффæ кæнын нал арæхс- тысты, фæлæ уый’æппæтыл æххæссыд, сызгъæрин фес- та. Афтид йæ дзыхы ныхас дæр лæджы аргъ у... Гъе- ныр мах, дыууæ зæронды, уæддæр нæм иу рæстæджы хикъахæй æрцыдис æмæ, дам, хæст карæй никæй рав- зардзæн, нæ мад æмæ нæ фыды хай: уæхи бафснайут. Гъемæ мæн бæргæ фæндыдис, куы ницыуал дзы ис сусæггагæй, фæлæ зæронд ныллæууыд æмæ, дам, Со- ветон хицауады руаджы мæ зæнæг адæмы рæнхъытæм цы хæдзарæй рацыдысты, уый дзæгъæл нæ ныууадз- дзынæч. Стæй, дам, тæрсгæ ма кæн, не ’фсин: къæв- дайы фæстæ хур дæр ракæсы. Афтæ, дæсны у махон. Раст цыма йе уæны фæкæсы, йæ ныхæстæ афтæ рауа- йынц... Хорз, баззадыстæм. Фыццаг бонты нын бæр- гæ ницы уыдис. Æнкъардæй бадтыстæм æмæ кæрæ- 25
дзимæ джихтæ кодтам. Уалынмæ дын мах хæдзармæ дæр æрбагæппытæ кодтой дыкъахыг бирæгътæ... Фæ- къæппытæ нæм ластой, сниудтой ныл æмæ нæ сарамæ зæвæтдзагъдæй ратардтой. Æз дæр цы уæвинаг уыд- тæн, уый уыдтæн, фæлæ, судзгæтæ, нæ лæгæн йæ зæр- дæ куыннæ аскъуыдис фырмæстæй?! Æмæ сыл цæугæ бæргæ æркодта, куыддæриддæр скуывта, афтæ: «У-у, сызгъæрин уастырджы, дам, рæхджы нæм се ’сæфты кой æрыхъуысын кæн!» Æцæгдæр афтæ рауад: нæхи- уæттæ сæ сæ разæй куы акъуымбил кодтой, уæд сæ се ’счъилты пырхæнтæм фæкæсынмæ дæр нал æвдæл- дис. Æрра куитæ! Ам дзы мах хæдзары ^и цардис, уыдон иууылдæр мæрдцъынд бакодтой. Немыц уыдыс- ты æмæ румин уыдысты, майрæм сæ къона зоны... Уымæй махуæтты æрбацыдмæ дæр нал фæкастысты, фæлæ сыл сæхи нæмгуытæ фехæлдысты. Мæнгæй нæ фæдзурынц: «Æвзæргæнæгыл йæхи хъримаг дæр æваст кæны...» Махæн нæ диссæгтæ æцæг диссæгтæ сты, æмæ дын сæ уымæн биноныгæй дзурын. 0, уæд дын зæронд, къахсæттæгау, ныллæууыдис æмæ загьта: «Хæрзсæфт кæнæм, — нæ колхозы кæрчыты фермæ дзæгъæл баз- зад. Сыдæй мæлдзысты æвæджиау дзугтæ. Нæ йæ ныу- уадздзынæн дзæгъæл, хæст мæ нæхи хæдзары къæсæр- мæ куы аныхъуыра, уæддæр». Йæ ныхасæй къæмы бæрц дæр нæ аппæрста æмæ сыхы иугай зæронд лæгти- мæ быдырмæ, кæрчыты фермæмæ, йæхи айста. Ныр хæст — йæ тæккæ тынгыл. Айста йæхи, уæдæ цы код- та, æз та ам баззадтæн. Кæсын, æмæ кæркниз нæкæр- ты дыгай къæхтыл цоппай кæны. Мæ кæрчыты мын иугай-дыгай сау емынæ йæхимæ исы... А-мардзæ, зæгъ- гæ, сæ немыц цæгъдгæ æмæ тæвдæй-тæвдмæ къуыдыр- фых кæнгæ! Уыдон уыдысты емынæ, гъе! Бæргæ зæр- дæ рысти, фæлæ цы мæ бон уыдис? Уымæй дæр хуы- цауæй разы: мæхн мын æгасæй кæй ныууагътой. Зæронды мард сын ницы хъуыддагæн пайда уыдис. æвæццæгæн... уæддæр катай кæнын мæхи нымæры, мæ хæдзарæй бынтон куы сыскъуына фæныкхуыз карчы мыггаг, зæгъгæ, æмæ уасæджы иуахæмы зæрондимæ быдырмæ фæраст кодтон. Уæд ацы дзыгъуыр карк баззадис зыбыты иунæгæй, æмæ йын уыцы диссæгтæ 26
кодтой, фæлæ ницы хуызы æфтыдис бирæгъты къухы. рьеныр-иу, мæ хур, æхсæв æнафон æрбахъуызыдаид æмæ уæлæ цары карнизырдыгæй цы фæрв хосы хъил ис, ууыл, æнæсыбыртт фæкæнгæйæ, сбадтаид. Бон æр- бацъæх ис, зæгъгæ, уæд ратахтаид æмæ хъæр, цъæ- хастгæнгæ-иу кæдæмдæр баууон кодта йæхи. Æмæ афтæ фæзæгъынц: фос, дам, ницы æмбары. Тынг дзæ- бæх дæр æмбары, тынг! Знаджы, æвзæргæнæджы чи- дæриддæр зоны. Æз æй ардыдтон уæдæ, гъеныр, мæ дзыгъуыр карчы, дæхи знаджы ’ къухмæ ма ратт, тох кæн, цалынмæ дæ бон у, уæдмæ, зæгъгæ?.. Уый уæдæ хуымæтæджы ахст нæ, фæлæ ма йæ ливортæй дæр гæ- рах кодтой. Иуахæмы та йыл уæлæ быруйы цурмæ ра- лæууыдысты сæ гæрзтæй. Гъе, уæддæр ын, мæ хур, ницы сæ бон бацис, æмæ, йæ бындур ныззила, нæмыг та йыл куыннæ уадис, нæмыг?! Уæдæмæ алцыдæр амондæй у æмæ, гъе, ирвæзт, æндæр уый нæ акъах- таиккой? Адзал конд у, адзал... Раст уыцы гæрæхтæ кæнгæйæ йæхи, тæхаг цъиуау, хæрдмæ фехста æмæ быруйы сæрты цæхæрадонмæ батахт. Сæ кæрæдзиимæ- иу сдыгъал-дыгъул кодтой цъаммартæ. Æвæццæгæн сæм хардзау æркаст. Хæрзаг загътой: «Ау, Кав- казы онг куы сбырстам, уæд иу карчы фаг нал стæм?» Цæмæй уый зыдтой, æмæ ардæм сæ мæлæт схас- той... Куыд æмбæлд, афтæ сын бакодтой махуæт- тæ. Æмæ уæд хъæуы адæм фæстæмæ здæхын райдыд- той. Нæ лæг дæр уасæг йæ дæларм фæкодта æмæ ар- фæтæ кæнынмæ суадис; худæгæй мыл, мæ хур, йæхи схаста, мæ кæрчыты хабар мын куы базыдта, уæд. Кæ- сыс, дам, махæн нæ иумæйаг кæрчытæй иу дæр нæ фæхъуыдис. Иу немыцаг хуыснæг нæм æрбахъуызыдис уасджыты хъæрмæ, æмæ йын йæ тъæнгтæ сагойæ ра- уагътам. Фæлæ!.. Мæ судзгæ мæрдтыстæн, уыцы уасæг æмæ дзыгъуыр карк кæрæдзийы куы федтой, уæд иу иннæ- йы фырцинæй хæргæ кодта! Æнæнтыст æрбауай, ныр дæр быруйы цурмæ хæстæг куы æрцæуы, æхсгæ йæ кæдæм кодтой, уырдæм, уæд, мæ хур, йæ сæр хæрдмæ сивазы æмæ цыдæр æнахуыр хъæртæ скæны. Æвæц- цæгæн, истытæ æмбары уый дæр, и, Афассæ? Æмæ уы- 27
мæн дæр фенад сты, чи йæ æхста, уыдон... Хæрджытæ куы уыдысты фашисттæ! Афассæ йæ цæстæнгас Хъаллæйы уæрджытæй дзы- гъуыр каркмæ рахаста, йæ мæллæг цыргъ роцъо цы къухыл æнцой кодта, уымæй иннæ къух иуварс айста æмæ, дистæ кæнгæйæ, сдзырдта: — Диссæгтæ, Иналыхъыстæн! Уый æцæг æмбисон- ды карк куы у! Мæнæй афтæ та мын хъазæн ныхæстæ кæныс. Тпу, тпу тпу! Цæстæй дын хай ма уæд! — 0, ахæм хабæрттæ, гъе, Афассæ, — йæ бынатæй сцæйстгæйæ ма загъта Хъаллæ, стæй тагъдгомау фæ- раст ис æмæ сугдоны йæ раздарæнмæ лыстытæ æм- бырд кæныныл фæлæууыдис. Сæууон хур дзæвгар суадис арвы цъæх риуыл. Хъаллæ балæууыд чъиритæ кæныныл йæ хойы сæм- бæлды номыл. Йæ уарзон дзыгъуыр карк та йе ’ннæ æмбæлттимæ кæрты йæ кæркон митæ кодта.
ФÆСКУЫСТ г|Р^°*Л ** æртæ трамвай цы уынджы фæуыр- ^Бг^^/у дыг кæны, уырдыгæй цæгатырдæм ^И^*~ч1г \7 КУЫ ФæРаст Уа^» УæД къуылдыммæ ^*Кш*\Æ бахæццæ уыдзынæ. Размæ дæ цæст {^ИгУ^ . ахæсс, æмæ дæм дардæй сæхи рав- дисдзысты дыууæ хъулон хæдзары. Хъулæттæ, амайгæйæ, бæргæ нæ рауадысты, фæлæ сæ æфсинтæ схъулæттæ кодтой. Бавдæлдысты æмæ сæ рæсугъддæры тыххæй алыхуызон чъырдæттæй сцагъ- той. Уыдонæн сæ иу къуылдымыл бындæр лæууы, иннæ — уæлдæр. Æмæ, гъе, уæлдæр чи ис, уый Ми- къалаты у, дыккаг та — Гуыдзыбеты. Бынтон æмбуар цæрæг сты Микъалатæ æмæ Гуы- дзыбетæ. Се ’хсæн Микъалаты кæрт ис, фæлæ цас кæрт у, — афтæ дзæбæх галдзармы бынæй зынгæ дæр чи нал фæкæнид, ахæм. Иу бон ыл сæ ныллæг, цыбыр- къах хъуг рацæйцыдис, æмæ йæм кулдуарæй кæйдæр дзæгъæлдзу куыдз куы фæкъæпп кодта, уæд, æваст фæстæмæ фæзилгæйæ, Гуыдзыбеты къулыл йæ къæ- дзилы цармæй чъепс фæхауд. Фæлæ кæд чысыл кæрт у, уæддæр йæ хицæуттæн адджын, зæрдæрайæн у. Иугæр хуры цæст арвæй куы зына, уæд ыл кæддæриддæр фæ- нывæнды йæ тынтæ. Уæндонæй, сæрыстырæй йæм ра- цæуы Микъала, стæй йæ бинонтæ дæр афтæ. Ивгъуыд, æлгъыст заманы-иу ацы кæрты Микъалайы сæр цы æфхæрдтытæ баййæфта, ахæмтæ нал зоны ныр: уырды 29
над ын-иу фæкодтой хъалонисджытæ, — сæ бон нæ уыдис цы! Æфхæлдрагъ хæрæг хæкъуырццæй нал ныу* уасы ныр Микъалайы кæртæй. Ног цард æм æрба-, тылдта рог автомобил. Агъуысты дыууæ рудзынгæй боныгон кæцыфæнды- йæ куы ракæсай, уæд кæртæй алцыдæр фæзыны. Суанг ма Гуыдзыбеты къулыл мæлдзыджытæ куы схæйрæг вæййынц, уæд уыдон дæр. Фæлæ ацы изæр сау тар йедтæмæ рудзгуытæй ницы зынд. Мæй та æх- сæвдзу акодта æмæ изæрдалынгты размæ хæхты чъыл- дыммæ иыххызт... Афтæ зæрдæйæн хъыг у, æндæр уый мæллæг, уазал рухсы хъуаг нæ уыдис Микъалаты агъуыст. Ахæм электрон цырагъ сæм сыгъд æмæ-иу æм чи фæкомкоммæ ис, уый иæ цæстытæй æнæ дæс æмæ ссæдз тъæбæртты фæкæнгæ ницыуал уыдта. Бинонтæ бадынц, сыхæгтæй дæр сæм чидæртæ ис. — Иыр, цымæ, уæлæ ахæм цырагь чи æрхъуыды кодта, Бабале? — бафарста Катя, æхсынæнтæ æх- сынгæйæ. — Куыд чи? — фæдис кодта Бабале, Микъалайы урссæр зæронд мад. — Уæртæ Хъазмæхæмæты ус. Ахæра. — Сабатизæртæм дæр куынæуал цыдис, уый куы хъуыды кодта, уæд. Бабалейы ныхасыл иууылдæр бахудтысты. Йæ чын- дзы бонты хуыцауæн куыд налат уыдис, уымæй уæл- дай йæ хъазæн зæрдæйы хатт зæрондæй дæр нæ сæтты. Тæккæ уыцы рæстæджы дуарæй æрбахызт Баллон, Бабалейы файнуст. Худт цæй фæдыл уыд, уый нæ фе- хъуыста, фæлæ уæддæр худджытимæ уый дæр ныххудт æмæ уыциу цыдæй фынгмæ йæхи байста, æнæ исты сдзургæйæ. Уæливыхы карст адджынæн куы ныррус кодта, æрмæст, гъе, уæд бафарста: -* Уæ мæрдтыстæн, уыйас зæрдиагæй цæуыл худут? — Дæ чызгыл, мæ хур, дæ чызгыл, — зæгъы Ба- бале, — мой скæныны адæргæй дын пæррæстытæ куы кæны, уæд ма йæ цы боны хорзмæ дарыс? Цы у, уы- мæй ма ноджыдæр хус кæны... — Фæлæуу-ма, ма дзур... — фефсæрмы ис Катя, Баллоны чызг. Баллон дыккаг уæливыхы карст систа, стæй, йæ 30
кæлмæрзæны кæрон йе ’уæхскмæ сæппаргæйаё, зæгъы Бабалейы дзуапмæ гæсгæ: — Æмæ йын цы кæнинаг дæн, цы? Мæхæдæг æй хъарон адæмæн? Мæрдтыстæн, адæм та дзуриккой, фыдыус ын у, æмæ йæ цæмæй федде кæна, ууыл арха- йы... Гъемæ, йæхи уд йе ’вдисæн... Дунейы куыстытæй куыстыл хæст нæу, æмæ ныр та æгуыст адæймаг кæй хъæуы? Гр-р, куыд тагъд афснайдтат уæ самавар? Абонсарæй ме ’уæнгты уазал хизы, æмæ иу бнтъынайы цай хорз уаид... — Кыс, æмæ мусонгмæ искуыдæм алыгъдыстут æви дæ цай цымын ардæм цы ’рхастай? — тагъд- гомау æй афарста Бабале. «Фæрсгæ», зæгъгæ, æл- хыскъ куыддæриддæр вæййы, афтæ. — Уый та чердæм фарст у? — джихæй аззад Бал- лон, фæлæ йын мæсты æнгас иæ уыдис, — худтис. Бирæ ныхæстæ ма рауадис уый фæстæ дæр, уар- зон, æргом ныхæстæ, фæлæ иу рæстæджы æгасæйдæр фæхъус сты, цыма ныхассæгтæ кæрдгæйæ иу хæсн карст фæцис, æмæ улæфынмæ æрбалæууыдысты, уыйау. Уыцы рæстæджы сæ хæрæфырт Майрæм, ныллæг бандоныл бадгæйæ, райдыдта ивазгæ ныхас кæнын. Ахæм æнкъард хуызтæ февзæрдис йæ цæсгомыл, æмæ адæймаджы уырныдта, кæддæр ивгъуыд рæстæджы йæ цы судзаг басыгъта, уый йыл ногæй æртæфстис, зæгъгæ. — Ухх, ныр дæр ма мæ зæрдæ ныззыр-зыр кæны, ме ’зноны диссæгтæ мæ цæстытыл куы ауайынц, уæд...— бацайдагъ кодта Майрæм йæ ныхас, цыма хъуыддаг æрæджы уыдис, архайæг та йæхæдæг, уыцы хуызы. Иууылдæр æм æдзынæгæй æрыхъуыстой. Катя æмæ Микъалайы æфсин Райхан сынæгæй-сынæгмæ кæрæ- дзиуыл банцой кодтой æмæ ныхасгæнæгæй нал истой сæ цæстæнгас. Микъала дæр йæхи æввахсдæр æр- байста. — Бабале, мæнæ иухатт, мæ отпусчы рæстæджы, Калакмæ Отары чындзæхсæвмæ куы ацыдтæн, уæд мын Бакуйы рахизгæ уыдис æндæр поездмæ. Æм- бисæхсæвæй ма бонмæ бирæ уыдаид, нал, афтæ ба- хæццæ дæн æмæ рахызтæн поездæй. Чысыл рог чумæ- 31
дан мемæ уыдис æмæ, уый мæ къухы цоппайгæнгæ, вагзалмæ бацыдтæн. Иу къуыммæ мæхи байстон, мæ чумæдан æрæвæрдтон æмæ йыл æрбадтæн. Бадын, адæмыл мæ цæстæнгас хæссын... Майрæм кæмæн ныхас кодта, уыдон бынтон нысса- быр сты, сæ бадæнтыл дæр змæлыдысты арæхстгай. Нал дзурын фæнд кодта Майрæм. Гъеныр, дам, ме ’взагыл мæ бон куыннæуал цæуы? Дзуринаг уын куы нæ уыдтæн ацы чъиллон хабар... Уалынмæ йæ Катя лæгъз ныхасæй куы фæцагайд- та, уæд та ног дзуры: — О, æмæ, гъе, бадын æнахуыр адæмы æхсæн, фæндаггон куыд фæбады, афтæ. Чи вагзалы бады æмæ афтæмæй æрчъиц-æрчъиц кæны, чи тъахтиныл адаргъ æмæ, арф улæфт кæнгæйæ, æхсызгон фынæй бацис, чи йæ фæндаггæгтæ райхæлдта, æмæ кæрчыты дыккаг уасты афон хæрыныл бацайдагъ. Рæстæгæй-рæстæгмæ та-иу сомихаг зæронд лæг фæзынд даргъ уисоимæ, æмæ чи фынæй кодта, уыдонæн барæй сæ хуыссæг сырдта мæрзыны æфсон, цæмæй чи цы поездмæ æн- хъæлмæ кастис, уымæй ма фæиппæрд уой, стæй сæ дзауматæ дæр искæимæ ма адзæгъæл уой, уымæн. Æз дын бадын æмæ æмбисонды рæсугъд сылгоймаг мæ рæзты æрбацæуы. Ай, дæ бинонты хуыздæр амæла, уымæй ма аивдæр адæймагæн сфæлдисæн ис?! Сымах дæр мын уæхицæй раппæлут, гыгытæ! — Катя æмæ Райханырдæм фездæхта йæ ныхас Майрæм. — Уый цур уæ æрлæууын кæн, уæд уæ, хуыцаустæн, уынгæ дæр ничи фæкæнид... Æмæ та мæ фæлмæн зæрдæ!.. Уайтагъд ссыгъдис æмæ, кæй кой кæнын, уыцы уды гагамæ тыбар-тыбургæнгæ бахъазыд. Ныхас уæддæр йемæ куы ачындæуаид, зæгъгæ, дзурын мæхинымæры æмæ сæры хъуыдытæ змæнтын, агурын, чи мæ сарæх- сын кæна, ахæм хъуыды. Уæдмæ мæ тæккæ цурмæ æр- бахæццæ ис. Иу ныхас дæр нæ æмæ иннæ дæр, фæлæ æрмæст мидбылты бахудтæн æмæ йын сыстадтæн. Чызг æваст фæлæууыд мæ уæлхъус, ноджы райдзаст- дæр фестад йæ цæсгом, æмæ мæм комкоммæ æрба- каст. Быхсын, йæ дыууæ гагуымæ йын кæсын æз дæр, Уæздан, фæлмæн худтæй фегом сты чызгæн йæ урс- урсид дæндæгтæ æмæ мын æфсæрмдзастæй афтæ, ба- 3?
хатыр, дам, кæн, фæлæ дæ æз нæ хъуыды кæнын. Ахъуыды,,зæгъын, кæн, нæ хойы хай, цыма хæстæг дæр æййафæм кæрæдзийæн... Дистæ æмæ сагъæстæ кæны чызг. Уæууа, зæгъын, мæ мад æмæ дæу мад дыууæ усы куы сты, уæд мах кæрæдзийæн дард æййафæм? Дыу- уæйæ дæр нæм худæг смидæг. Уый фæстæ ма цыдæр къленц митæ акодтон, æмæ ие ’хсæн ныхас бацайдагъ. Иудзырдæй, куыддæриддæр мæ зæрды уыдис, афтæ аздæхтйс хъуыддаг, æмæ дзæв- гар куы бабастам дзæнгæдайы куыристæ, уæд мын бацамыдта чызг йæ ном, — Земфирæ. Æз та йын мæхи Черби схуыдтон. «Тæригъæд дын кæнын, гъеныр, Чер- би: ардыгæй бонмæ куыд фæбаддзынæ æнæхуыссæ- гæй? — зæгъы мын. — Кæд нæм дæ сæрмæ хæссыс, уæд цом махмæ æмæ цалынмæ дæ поезд зына, уæдмæ баулæф. Хорз дæ нæ фендзыстæм, фæлæ дæ фæллад уæддæр суадз». Ахъуыды кодтон мæхинымæры æмæ мæм, зæгъын, мæнæ амонд йæхи къахæй куы æрбацыд, уæд... Уæз- дандзинады тыххæй чысыл аоцанитæ кодтон, стæй афардæг дæн Земфирæимæ сæ хæдзармæ. Сыгъдæг, æфснайд агъуыстытæ сын. Бадын дива- ныл уаты. Уалынмæ сæм æрбалæууыд дыууæ мæхи карæн адæймаджы. Арæзт, хъæлдзæг сæ дыууæ дæр, радтой мын салам, стæй иумæ æрбадтыстæм æмæ ны- хас кæнæм. — «Нæ буц уазæг, Черби, — афтæ мын сæ иу, — нырма боимæ бирæ рæстæг ис, дæ поездмæ дæр афтæ... не ’гас дæр æрыгæттæ куы хуинæм, уæд ам бадынмæ æвгъау не ’стæм?.. Цомут æмæ уал атез- гъо кæнæм горæты. Базонгæ дæ кæнæм, Черби, баку- йаг чызджытимæ». Гæнæн нæ уыд. Сразы дæн, æмæ ацыдыстæм. Раст зæгъын хъæуы, тынг æдас дæр нæ уыдтæн. Æнæзонгæ адæмимæ адæймагæн æнæ афтæ хос нæй. Алчидæр æй йæхицæй зоны. 0, цæуæм: уынгтæ, цыдæр æнахуыр рæттæ. Дарддæрæй-дарддæр, талынгдæрæй-талынг- дæр, гъемæ, цы йæ сусæг кæнон, бынтондæр тасы бацыд- тæн... Уалынмæ горæтæй ахызтыстæм, æмæ уæд мæхи нал баурæдтон: бахатыр, зæгъын, кæнут, æфсымæртæ, фæлæ кæдæм цæуæм, стæй цæй тыххæй цæуæм, уый 3 Уæлладжыраг хабæрттæ 33
куы зонин. Дыууæ дæр ныххудтысты, стæй сæ иу зæгъы: «Тæрсгæ ма кæн, æрдхорд, ныртæккæ дæ ахæм чызгимæ базонгæ кæндзыстæм, æмæ ма нæ дæ хъæбы- сы дæр кæндзынæ». Цæуæм дарддæр æмæ бахæццæ стæм уæлмæрдтæм. Мæ уд мæ къæхты бынæй агæпп кæнынмæ хъавыдис: мæйдар æхсæв, уæлмæрдтæ, æнæ- зонгæ адæм, æз иу, уыдон дыууæйæ, — цы нæ вæййы!.. Уæлмæрдты астæу уыдис егъау зæппадз. Уымæ куы баввахс стæм, уæд та мын лæппутæй иу афтæ: «Иу сыбыртт дæр нæ куыннæ фехъуыса уæлмæрдты хъа- лагъуртæм, афтæ. Ацы зæппадзы æвæрд ис хъæздыг лæг, бирæ сызгъæринтимæ. Ныртæккæ ды ныххиздзы- нæ уырдæм, йæ хуылфмæ, æмæ сисдзынæ сызгъæрин- тæ». Æмбарут, куыд æнцон мын уыдаид уыцы ныхæс- тæм хъусын, уый?.. Хъусджытæн æрдуйы нарæгæн сысты сæ удтæ. Уый дарддæр тарæрфыгæй дзырдта: — Куынæ ’мæ куынæ куымдтон, уæд мæм кæрдтæ фельæстой æмæ мын сæ мæ тæккæ зæрдæмæ сарæзтой. Цы гæнæн ма мын уыд?.. Загътон: мæлгæ æмæ мæлгæ. Зæппадзы сæрыл æвæрд уыдис стыр дур. Уый æр- тæйæ сфæлдæхтам æмæ мæн ауагътой зæппадзы бын- мæ, сæхæдæг мыл дур фæстæмæ æрфæлдæхтой. Мæ кьæхтæ марды стæгдарыл куы сæмбæлдысты, уæд фыццаг куыддæр æрбадзæгъæл дæн, стæй исдуг ницы- уал æмбæрстон. Мæ чемы куы æрцыдтæн, уæд схизон, зæгъгæ, фæлæ дур сфæлдахьшыл мæ бон нæ цыд. Мæ хъæлæсы дзагæй ныхъхъæр ластон хъалагъуртæм, фæ- лæ мæ хъæр дæр æддæмæ нæ хъуыст... Уыйадыл Майрæм фæкъуда кодта йæ ныхас; къæ- мисæнтæм армытъæпæнтæ сбыцæу кæнгæйæ, пъолы ныссагъта йæ цæстæнгас. Хъусджытæй кæйдæр скæ- уынмæ дæр бирæ нал хъуыдис. Гæппæввонгæй æнхъæл- мæ кастысты, куыд ма фервæзт, уый базонынмæ. Уы- цы рæстæджы-иу бындз царæй къулмæ куы ратахт, уæд хъуыст йæ дыв-дыв. Катя, йæ цæстытæ доны ра- зилгæйæ, нал баурæдта йæхи æмæ фæрсы: — Дæ зæрдæ куыннæ аскъуыд, Майрæм, куыд ма фервæзтæ уыцы зындзинадæй? — Иу хъæр куы фæкодтон, уæд та уый фæстæ но- джы хъæрдæрæй... Æ.мæ раст гъеуæд, раст уыцы тæк- 3*
кæ сикъунд... фехъал дæн1—кæронбæттæн скодта Май- рæм, йæхæдæг худæгæй бакъæцæл ис. — Æдылытæ, уæдæ ма искуы ныры рæстæджы ахæм митæ фехъуыс- тæуыд? Исты паддзахы заман у, адæмæн кæрæдзийы куы æргæвдын кодтой, уыцы заман? Чызджытæ йын йæ сæры хъуынтæм февнæлдтой, стæй иннæ уатмæ куы балыгъд, уæддæр ма йæ фæдыл азгъордтой... Микъалайы бинонтæ афтæ хъæлдзæгæй фæуадзынц сæ улæфт. Куы хъазæн ныхæстæ фæкæнынц, куы хæс- наг фæхæрынц, куы хъазт саразынц сыхæгтимæ пате- фоны цагъдмæ, æмæ уæд суанг Бабале дæр æнæ ракаф- гæ нæ фæвæййы.
БÆЛЦЦОН ртхъирæны мæйæн уымæй размæ цы нæ бантыстис, уыдæттæ бакæнын- мæ фæстагмæ хъавыдис. Сæхи-иу хуымæтæджы хт^уынтъызтæ æрба- кодтой йæ бонтæ!.. Æмæ кæд, æнæ дзургæйæ, æмбарын кодта, æз сау халон къутæрыл ныргъæфсын кæндзынæн, цæугæ доны кæсæгтæ ныддæвдæг уыдзысты, стурæн-иу, цæугæ- цæуын, йæ доны хуыпп асæлдзæнис, адæймагæн уаза- лæй йæ сæр уæхсчыты астæу ныгъуылдзæн, уæддæр æм сæрдæй галы комы тæфы бæрц хъарм куы фæхæц- цæ ис, уæд йæ фæндтæ фæсыкк сты: йæ хъару асаст æмæ йын ницыуал бантыстис. Æмæ, æниу, адæймагæн та цы хъомыл бауинаг уыдис?.. Хъæуы цæрджытæ дæр-иу бахудтысты: «Гауарда, къæрццытæ нæ, фæлæ тъæппытæ дæр кæн!.. Мах — мидæгæй, ды — æддейы. Æххормаг æмæ дæм уазалæй хъæрзын никæйуал къо- найæ фехъуысдзæн. Уыцы замантæ гандзайаг раджы баисты. Ныр æрдзимæ тох кæнын дæр фæразæм, уый дæ рох ма уæд». Æппын та йæ Гæмæт ницæмæ дардта. Уагæры ма иу къуырийы бæрц хуыссæны куынæ уаид... Æнæн- хъæлæджы йæ низ йæ быны анорста: хуыфыд, йæ фын- дзы дон уæле нал лæууыд, тæвдæй судзæгау кодта... Раст зæгъын хъæуы, а фæстаг бонты фæфæсдинон ис, фæлæ æххæстæй нæма суæгъд сты не уæнггæ. Ие ’фсин Натка дурын пецы арт иу минут дæр хуыссын 36
нæ бауагъта æмæ сусæны мæйы тæвд равзæрын кодта агьуысты. — Сфыхтай мæ, уаих фæуинаггаг, уыцы пецы ма иучысыл сулæфын бауадз!.. Æви йæ фæрстæ куыд арæмудзой, афтæ йын дæ зæрды ис? Мæнæ мыл хъай- мæт ныккодта, хуыцауыстæн! — иуахæмы, цалдæр æхснырсты æркæнгæйæ, батыхстис Гæмæт. — Хуыздæр дын у, хуыздæр, нæ лæг... Низы судзаг дæ риугуыдыры ис æмæ кæд хидимæ рацæуид, — са- быр, зæрдæвæрæн ныхасы хъæдæй дзуапп радта Нат- ка, къуымбил æндах æхснудгæйæ. — Стæй мын нæ чындз дæр афтæ бафæдзæхста, йæ куыстмæ куы цы- дис, уæд. Рынчынмæ, дам, куы хъусай, уæд «нæ»-тæ дзураг у, æмæ йæ ды ууыл ма уадз. — Е-гъе! — мидбылты худтæй йæ рихитæ фез- мæлдысты, æмæ æгасæй дæр уыцы иу ныхас скодта Гæмæт. Иуæй-иу рынчын йæхи дæр нал фæуарзы, чысыл ницæй тыххæй дæр тæргæйттæ æмæ тигътæ кæнын байдайы, фæлæ Гæмæтæн сызгъæрин зæрдæйы хатт ис. Хъæуæн йæ кæцы кæрон дæр бафæрсай — иууылдæр æй зонынц, æмæ дзы алчидæр раппæлы, йæхицæй уæз- дандæр æмæ кусагдæр нæй, зæгъгæ. Айфыццаг уæтæр- тæй куы сыхъуыстис, фысвос хосхъуаг æййафдзысты, зæгъгæ, уæд йæхицæй раздæр ничи афæнд кодта. Хъосæджы ма цы хосы мæкъуылтæ уыд, уыдонмæ. Уым дæр ыл хуымæтæджы дистæ кодтой кæстæртæ: — Фæллайгæ та куыннæ кæны, хуыцау æй фена? Чи йæ никуы федта, ахæмæн æй фенын кæн, уæд зæгъид, ацы къæсхуыртæ, ацæргæ лæг æккойы хæс- гæйæ дæр уырдгуыты хæрдмæ не ’сфæразид, фæлæ ма йæм кæс: цалынмæ мах рахе-бахе фæкæнæм, уæдмæ уый мæхъитыл рæхыс афтауы æмæ та дæлæ ахæр-хæр ласта мæкъуыл, — зæгъы сæ иу. — Сæгъæй сæныкк гуыры, фæзæгъынц?.. Йæхицæй мисхал нæ аппæрста йæ фырт дæр, — райдыдта иннæ хосласæг, — нæ йæ хъуыды кæныс Солтаны?.. Æнæ- хъæн цоты рæгъауæй ма сын гъе уый уыдис, æмæ уый дæр фесæфт. — Гъы, гъы, цы фæцис, дæ хорзæхæй уыЦы Солтан? 37
— Хæстмæ йæ акодтой, æмæ йæ кой-йæ хъæстæ дæр... Фенцай мæкъуылыл, науæд фæлдæхы!.. Лæппутæн æваст сæ ныхас фæлыг, Сæ иу, сæрбо- сыл хæцгæйæ, разæй цыдис, иннæ мæкъуылмæ йæхи ныббыцæу кодта æмæ-иу кæд уырдгуыты тæхæгау ра- кодта, уæддæр ныхасмондагæй нæ урæдта йæ цы- бæлтæ. — Æмæ уæдæ бынтон фесæфтис, зæгьыс? — афар- ста та дыккаг. — Дæ балгъитæг дæр афтæ куы фесæфид... Афтæ- мæй, мæгуыр, къуыри дæр нæ ацардысты, дæлæ сæм цы чындз ис, уыимæ. — Зæнæгæй та цы ныууагъта йæ фæстæ? * — Детсады цыдæриддæр ис, уыдон иууылдæр! —• цыма йæ къахгæ кодта йе ’мбал, афтæ йæм фæкастис сæрбосыл хæцæгмææмæ ма ноджы карздæрæй сдзырд- та. — Цавæр зæнæг у къуыримæ?! Тæрхъусы мыг- гаг сты?! — Æмæ уæдæ уал æмæ уал азы сæ чындз цьг хъахъхъæны? Æви йæм мæрдтырдыгæй фæзыны аивæй? — Хе! Чердæм хæцы, че?! — Сæрбосыл хæцæг та фæмæсты: фыццаг галмæ, стæй йе ’мбалмæ. — Гъы, йæ бындар фæуа, каркæн къуыртт æвæргæ даер никуы федтай, дæ фæрстыты хуызæн суай?! Стæй худæгæй бакъæцæл у. — Сонт мæсты равæййыс, æмæ куыд нæ худон!.. Цæмæн бады, зæгъгæ, дæ бафарстон æмæ уым аиппæй цы ис?.. Кæд æй, зæгъын, зоныс... — Иæ зæрдæмæ йæ хæстæг райста æмæ нал мой кæны. Иу дзæгъæлвад куы уаид, уæд афонмæ адымы- чъи ластаид фуццагдæр курæджы фæдыл, фæлæ сыгъдæгзæрдæ адæймаг афтæтæ нæ фæкæны æмæ æн- хъæлмæ кæсы. Уымæй дæр фæнычы уæлхъус нæ бады, фæлæ, гъæйтт-мардзæ, зæгъгæ, хъугдуцæгæй кусы фермæйы. — Æллæх, æллæх1 — æваст дын афтæ фæкодта мæкъуылыл хæцæг. . — Æ, дæ фæнык та дын зæгъин! Хъæуы магуса æмæ къæйных сылгоймагæй цыдæриддæр ис, уыдон 38
зоны, фæлæ ма хæлиукоммæ исчи бакæсæд: раппæли- наг чи у, уыдонæй та мæн фæрсы. Уыгæрдæнты сæрмæ дзæгъæлдзуйæ хъазыдысты митсайæн тæнæг мигъты æвæрдтытæ. Æгæр дæлæуæз- ты цыд-иу сæ чи фæцис, уыдон-иу бæлæсты салд хихтæ апирæгау кодтой, æмæ уыцы пырхæнтæй цыренæй ивылдысты хæрдмæ. Комы нарæгæй цы уазал дымгæ хаста, уый адæймаджы уæнгты иуырдыгæй иннæрдæм хызтис ихын судзинтæй. Гæмæт та фæстæмæ сцæйцыд æмæ йæ чыкдзы кой- гæнджытæм куы схæццæ ис, уæд сæм дзуры: — Еуæ, рæвдздæр фезмæлут, бабайы хуртæ! Чи ма дзы аззадис, уыдон æрдæвтытæ кæнæм æмæ æвæстиа- тæй — хъæумæ, науæд ацы хидæй адæймаг фæрынчын дæр зоны уæзæгыл æмæ уæд... Ныр уыцы ныхæстæ рынчынæй йæ зæрдыл æрлæу- уынц æмæ йæхимидæг ратыхсы. Натка дæр æй æнæ- зонгæ кæм у æмæ та йын уæд афтæ: — Мæ бон куыд уыд, нæ лæг! Цыма дын дæ бирæ фосы рæгъау фæтардис, уыйау дæ къæхты бынæй куы ныуулæфыс?.. Нæфæразгæ дæ, нæфæразгæ, æмæ æп- пындæр мацæуыл мæт кæн... Цы хъуаг у нæ хæдзар? Цы хæрæм, уый нæм — уæлдайджынтæй, хор æмæ нæм суг — зымæгваг... — Хæдзар — хæдзар у, фæлæ колхоз иу кусæг хъуаг кæй у, уый мæ афтæ улæфын кæны. — Гæмæты цæсгомыл æнцъылдтæ абадтис æмæ дарддæр зæгъы: — Æри-ма дæ къуымæлæй æмæ дзур дæ фындзы бынмæ, хъусæг дæм, миййаг, куынæ ис. Дæумæ хъус, уæд дæм дзурын дæр хъæуы, æмæ мын тынг зын у, чи не’мбара, ахæмимæ ныхас кæнын. Бригадир куыд загъта, уый нæ фехъуыстай, æви дæ хъусты къæрмæ- джытæ тъыст уыдис?! — Кæд? Знон дæм куы æрбауадис, уæд? — афарс- та Натка. Хæйрæг æй базонæд, цæмæн æм худæг сми- дæг ис, фæлæ йæ не ’суагъта æмæ дисгæнæджы каст фæкодта Гæмæтмæ. — 0, о, знон! Агротехникон ахуыртæ, дам, рай- дыдтой, быдырмæ фаджыс ласын хъæуы, фиййæуттæ дæр та сæхицæн феххуыс кæнын агурынц хос ласынæн. Наткамæ йæ мойы ныхæстаа хъьтг нæ кастысты, фæ- 39
лæ йæхи удыл афтæ æгæр стырзæрдæ кæй у, уый йæ зæрдæмæ нæ цыд. Æвæццæгæн, уый фæдыл уыдысты йæ ныхæстæ: — Гъемæ, уæдæ, сыст!.. Аходæн скæн æмæ фæ- раст у!.. Цыдæр сдзурынмæ ма хъавыдис Гæмæт, фæяæ дуар æрбахостæуыд, æмæ Натка агъуыстæй кæрт- мæ ахызт. Минуты фæстæ, фермæйы хицау Алыксандримæ ныхас кæнгæйæ, æрбаздæхт Натка. Тугхæстæг кæд не ’сты, уæддæр Алыксандрмæ хатын нæ бахъуыдис. Аф- тæ фæкæны кæддæриддæр: исчи йæм ракæсæд, æндæр йæхæдæг разæй фæмидæг вæййы агъуысты. Уыцы хиог ны бауад уæлдай æхсызгондæр фæкæсы Гæмæт æмæ Наткамæ. Йе ’нцъылдтæсин кæрц нæма раласта, аф- тæ хæлафы дзыппы къух ауагъта, йæхæдæг Гæмæт- мæ дзуры: — Æнæниз ысу, уæйыг, æмæ дæ райсом хорз! Цы хабар у: бон дæсæтин куы ныддасыс хосгæрдæнты, уæд дæ æхснырсæг куыд æрфæлдæхта, мæ лымæн?.. Тæвд цывзыджынæй ма йæм фæкæс, Натка, — æвда- дзы хосæй, — æмæ лæг рабада, базмæ хъусынæн æв- гьау у. , • — Уый йæм куыд æмхиц у, афтæмæй... — зæгъы Натка. Алыксандрмæ комкоммæ кæсгæйæ, мидбылты худ- тис Гæмæт, фæлæ дзургæ ницы скодта, цыма йæм йе ’фсины ныхас нæ фехъуыстис, уыйау йæхинымæры сдзырдта: «Джиуæргуыбамæ дæр уый тыххæй не ’скодтай бæгæны?» — Хабæрттæ дзур, Алыксандр,—зæгъы æрæджиау. — Мæн бæсты сæ мæнæ газет дзуры, газет. Кæсгæ- ма кæн ардæм, — æхсызгонæй фæцырд ис дзуаппмæ фермæйы хицау, стæй, йæ цæстæнгас газеты фыстытыл адыууæрдæм кæнгæйæ, цалдæр рæнхъы аныхъуырдта, стæй хъæрæй кæсы... «Фермæйы хъугдуцæг Зирæт (нæхи Зирæт!) ивгъуыд азы алы хъугæй дæр æрдыгъ- та цыппар мины æмæ сæдæ фæндзай килограммы æх- сыр. Ног азы йæхимæ райста ног хæстæ æмæ дзырд дæтты уыцы нымæц цыппар миньгæмæ æрдæджы онг схæцдæ кæяыныл»... Цæуылнæ худа?! Кæсгæ ма йын 40
кæн, кæсгæ, йæ къаммæ!.. Уæллæй, æгас газет дæр дзы сфидыдта! Гæмæт бирæ фæкастис къаммæ æмæ кæд уæлæмæ ницы дзырдта, уæддæр ын цавæрдæр диссаджы æхсыз- гондзинад фæрог кодта йе ’уæнгтæ, æрбайрох дзы ис йæ низ. Натка йæ чъылдыммæ лæууыдис, уый нал æр- хъуыды кодта æмæ йæм иннæ уатырдæм дзуры: — Цы фæдæ, цы? Æваст ницы сдзырдта Натка. Æрмæст йæ рахиз дадали кæм зайы, уырдæм æнгуылдзæй ацамыдта, Алыксандрмæ кæсгæйæ, ома: йæ чемы нæй, йæ чемы; низы судзагæй ма тæвд кæны, æвæццæгæн, æмæ дзы сонт ныхæстæ уымæн сирвæзы. — Цы ’рбацис, цы, не ’фсин? — фермæйы хицауыр- дæм фездæхт Гæмæт. — Мæгуыры бонтæ, нæ лæг,.дæ уæлхъус дæн, уый нæ уыныс? — худгæмхасæн дын афтæ Натка. — Гъе-е! Иæхæдæг судзины бын æндах аласыны тыххæй сыхæгтæм фæцæуы, мæнæн та мæ къæбутыл дæр цæстытæ æнхъæл у... Æрис-ма мын мæ гæрзтæ æмæ мæнæ Алыксандримæ нæ чындзы цæрæнбоны тыххæй фæйнæ бануазæм... Ай, кæннæуæдæ низæн йæ цæфыл хуыссæнмæ йæхи чи уадзы, уымæн та цы зæгъон!.. Уый лæг нæу, фæлæ йæхицæн буцтæ кæнын чи фæагуры, ахæм, хыссæйæ конд деда. Хуыцаустæн дын зæгъын, Алыксандр, раст тæккæ райсом хъæдмæ цæуын суг ласынмæ æмæ уым хорз куы рахид кæнон, фæрæт æмæ бæлдойæ архайгæйæ, уæд мын гъеуый дæс дохтырæй дæр фылдæр фæахъаз уыдзæнис... Цы, у, цы, пецы цур хид та, къабæзтæ æмызмæлдæй куынæ змæлой, уæд?! Чъилтæджытæ конд дзабыртæйæ къæх- тыл, афтæмæй стъолы фарсмæ йæхи æруагъта Гæмæт æмæ фæдзырдта Алыксандрмæ дæр.Уый дæр æрбад- тис, фæлæ йæм хинымæр ахæм хъуыды фегуырд: «Гъеныр искæйы æр^арвыстаин, æндæр оæм мæхæдæг цьгæрбакуыси дæн?.. Хæрзаг ма зæгъой, нуазын æм цыдис æмæ тынгдæр уый фæдыл у йæ цыд»... — Хуыцаустæн, куыддæр цæуы ме ’рбауад æмæ... Уæдмæ æфсии, стъолы рагъыл хæринаг æмæ ноз- тæй цы æмбæлдис. уыдон æрцарæзта. йæ арм нæ амыдта, æвет. цы?.. 41
* Ирд райсомы райдайæн, æнæзмæлгæ уæлдæф... фермæйы æдде хæхты цъуппытыл ракафыдысты хуры фыццаг тынтæ. Хæдзæртты тохонатæй уыцы æмрастæй арвмæ ивылдис цъæхфæлурс фæздæг. Кърантæй кæд цыфæнды афон дæр уыцы иухуызон фæцæуы дон, уæд- дæр æм сылгоймæгтæ, сæ раздæры ахуырмæ гæсгæ, чыртæ-чырт&й цæуынц сæумæцъыккæй. йæ бедыратæ æккойæ чи хаста, уыдон ахæм арæхстгай æвæрдтой сæ къæхтæ æмæ, цыма, «цыппурсы аргъуыд донæн» акæлынæй тарстысты... Зирæт фермæйæ æрбацæйцы- дис æмæ сæ кæмæдæр, мидбылты худгæйæ, дзуры: — Кърантмæ дыккаг цыд ракæныны адæргæй нæ сæрдары бæхы сирд цы кæныс? Иу цъыртт дзы куы акæла, зæгъгæ, дæ хуыз куы фæцыд... Дондзау дæр æм бахудтис æмæ йе ’уæхскыл уæз цæуы, нæ цæуы — æрлæууыдис аныхæстæ кæнынмæ. Уымæй дæр йе ’фсины фыдгойтæ. Зирæт йæ емынæ кæмæй уыны, ахæмтæ. ...Гæмæт æмæ Алыксандр дæр сæ куыст кодтой, Ныхас кæнын дæр сын æнтыстис æмæ нуазын дæр. — Арæппын, Алыксандр, æфсæрмы кæнæм адæмæй æмæ, цы бачындæуа, нæ зонын... Æвæццæгæн, хъæу- бæстæйы адæм æнхъæл сты, нæ чындз мах ныхасмæ гæсгæ нæ мой кæны, зæгъгæ?.. Хуыцауæй дæ бауыр- нæд, Алыксандр, дзурæм ын, цæгатæй дæр æм æрви- тынц æмæ ничердæм уисæн кæны. Дзурджытæ та йыл уæвгæ ис, йе ’фсымæр куыд зæгъы, афтæмæй. Махæн дæр нæ хъæбул уæлдай бæргæ нæу, фæлæ лæппу уал æмæ уал азмæ кæм не ’ссыдис, уым сæфт у æмæ сæфт... Гæмæт иу минуты бæрц фæхъус æмæ уымæл цæс- тытæй æдзынæг каст кодта фынгмæ, стæй ма бафтыд- та йæ ныхæстыл: — Нырма æрыгон у æмæ нæм зын кæсы, йæхи цар- дыкъайæ кæй æнамонд кæны, уый. Мæхимæ дæр æй сдзурын кодтон, фæлæ йæм ахæм хъуыддаджы фæ- дыл нæ уæндын... Алыксандр æнхъæл нæ уыдис Гæмæтæн ахæм ны- хас ракæныУт, йæхæдæг та æфсæрмæй уæндгæ нæ ба; 42
крдтаид æмæ йæм хинымæр æхсызгон фæкастис бай- хъусын. « йе ’мбæлггæ дæр ын, цыма, аивæй бакойтæ кæ- нынц æмæ сæм хъусгæ дæр нæ бакæны, мæнмæ гæс- гæйæ,— зæгъы фермæйы хицау. Уалынмæ Зирæт æрбацыдис. Алыксандрæн «æгас цу» загьта æмæ дын Гæмæтмæ дзуры: — Цæмæн рабадтæ, цæ, бæппу?! æз дын дæ къæх- тæ тæвд доны æвæринаг уыдтæн, ды та афтид цъында- ты бадыс... — Мæ уд дæ фæхъхъау фæуа, чындз, уæддæр ма мыл ды батыхсыс, æндæр мæ афонмæ не ’фсин, æфсæй- нæгты зæрæдтæ æмæ алы бызгъуыртæ чи æмбырд кæ- ны, уыдонмæ радтаид иу æрцындзагыл. Алыксандр æхсызгрн худт бакодта. Иуæй Гæмæтæн йæ ныхæстыл, иннæмæй та йæ чындзимæ фыд æмæ хъæбулы хуызæн кæй у сæ цард, уый дисæй. Чи зоны, фермæйы хицауы. худт чердæм бамбæрста Зирæт æмæ æфсæрмыдзастæй йæхи иннæ уатмæ байста. Уым хæцæнджын сæрвасæнæй йæ сæры хъуынтæм тагъд- гомау азылд. Дыууæ быдæй вæййынц æмæ сæ фæдих кæныныл уырзæй сгаргæйæ сахуыр ис. Иннæ бонтæй уæлдай йæ райст-бавæрды сæрбæттæн йæ сæрыл абаста. Урсцъар цæсгомæн уæлдай фидауцы хос уы- дысты сырхбын хæмпус уадултæ. Ноджы ма зæрдæмæ циндзинад æхсызгон ныдзæвæнтæй æвнæлдта æмæ æгас цæсгомыл дæр уылæнтæй хъазыдис фæлмæн мид- былты худт, Уаты къæсæрыл æрлæууыд æмæ йæ Гæ- мæт куыннæ фена, афтæ фермæйы хицауæн къуха- мындæй рауай-ма,- зæгъгæ, бамбарын кодта. Алык- сандр æм фыццаг йæ къух сцагъта, цы мæ кæныс, зæгъгæ, стæй фестадис æмæ йæм баввахс. — Хуыцауы тыххæй!!! — æнахуыр хъæрæй ныддис кодта Алыксандр æмæ, фæстæмæ рацæйцæугæйæ, йæ къухы ферттывта урс гæххæтт. Исдуджы фæстæ ад- джын хъæбысæй ныттыхст Гармæтыл. Нæфæразгæ у, уый та ма ды æрхъуыды кæн. — «Уæ бæлццон!.. Гæ- мæт, дæ хæрзæггурæггаг мæн, Солтан ссæуы! Дыууæ сахаты фæстæ уæртæ станцæмæ схæццæ уыдзæнис! Мæнæ телеграммæ!» Алыксандр уыдæттæ куы дзырдта, уæд Зирæт та, 43
æфсæрмæй, дуары фæсчъылдыммæ байста йæхи. Кæд хистæрты ныхæстæм йæ хъус лæмбынæгæй дардта, уæддæр æм бæлвырд хъуысыдысты йæ зæрдæйы цæф- тæ. Натка джихæй баззадйс, йæ дзыхы ныхас нал арæхст. Чысыл, ныллæг бандоныл бадгæйæ, уайтæккæ дæр сæрбæттæны кæронæй йæ къуырфдзыд цæстытæ сæрфын райдыдта. Гæмæт фермæны хицауы цонгыл рахиз къухæй куыд æрхæцыдис, уымæй уæлдай йæ уæгъд нал уагъ- та, иннæ къухы армытъæпæнæй та йæ ныхæй хиды ставд æртæхтæ расæрфта. Уæд та йæм æрттиваг цæс- тытæй хæрдмæ скастис, зыр-зыр райдыдта йæ сæр æмæ йвазгæ ныхасæй афарста: — Ау!.. Ахæм... циндзинад, хорз мыл æрцыдис?! Нæ иунæг лæппу æгас у? — сдзырдта æмæ æбæрæг раныл йæ цæстæнгас фæурæдта, стæй цæстысыгтимæ ныххудтис. — Дæ хъуыддаг мын раст æрбауа, Алык- сандр!.. Хæрзæггурæггаг дæр ахæм æмæ ма-иу кæсгæ кæн!.. Алыксандр йæ кæрц кæныныл фæцис. Гæмæт ма йæм дзырдта, фæйнæ аназæм, зæгъгæ, фæлæ нал бай- хъуыста. Зыдта йæ, хæйрæг феста, бæлццоны куы æр- баласой, уæд дæр та йæм кæй хатдзысты, уый, æмæ нозтæй фæразуæз уæвыны бæсты хиуыл фæхæцын хуыздæр. — Арæвдз кæн, Зирæт дæхи. Дæ цуры дæ пъалто де ’уæнт^л баппар, æмæ згъорæм. Уæртæ афонмæ сæрдары бæхтæ ифтыгъд сты, æмæ уый дзоныгъы бауайæм Солтаны размæ. Минут дæр нал афæстиат сты Зирæт æмæ Алык- сандр. Чындзмæ тынг аив нæ кастис йæ ацыд зæрæд- ты цур, æмæ йæ нæ хаста йæ къах. Уымæн базмæлын- тæ кодта, Натка æмæ Гæмæты сусæгæй, фермæйы хи- цаумæ йе 'уæхсчытæ. уый дæр ыл схъæр ласта: «Куыд? Куыд?! — æмæ ныр фæраст уой, зæгъгæ, аф- тæ ма Зирæты сæрты радзырдта: — Æфсæрмы кæны, цыма мын æцæгæлоны размæ цæуы...» Гæмæт йæхи бæстондæр рæвдзытæ кæныныл фæ- цис. Наткайæн та йæ зæрды агъуыст сыгъдæгдæр афс- найын уыдис, уынгæй æрбаздæхгæйæ, фæлæ йæ Гæ- мæт фæкъуылымпы кодта. 44
~ Уыдон уал фæуадз, — дзуры йæм. — Марадз авмæ уæныгæн йæ холлæгтæ фелвас кæвдæсæй æмæ йын цæхх ныккæн тæгæнайы. Ус бадис кодта: — Æмæ ма йын ныр дæр сасийæ тæрсыс? — Гъер уыйбæрц фæцæр æмæ уыдæттæ ма ’мбар?.. Йæ царм æнцондæр стъигъæн уыдзæнис, æдылы къоп- па!.. Куывдæн æй не ’ргæвдынмæ хъавыс? Иунæгæй куы аззадис Гæмæт, уæд алы нывтæ уа- дысты йæ цæстытыл, сæры иу хъуыды ивта иннæйы. «Уал азы кæд уацары фæцис, уæд ныссахъат уыдаид, æндæр цы... Тарнизæй истæмæй рынчын уыдзæнис, кæ- нæ та йæ къабæзтæй искæцы йæ уæлæ нал ис... Нæ зонын, хуыцаустæн, цы загъдæуа... Цы нæ вæййы, хъуамæ сагсырды хуызæн у, хъæлдзæг, хæрзхуыз æмæ йæ риуыл хæрзиуджытæ æрттивынц... Амæндты амонд, цыфæндыйæ дæр ма йæ кæй фендзыстæм, уымæй дæ- уæй разы!..» Ныр фæзындзысты, уæд фæзындзысты йæ ныд- даргъ ис рæстæг, — нæ фæлæ, Гæмæт æмæ Наткамæ афтæ дæр ма фæкаст, цыма сæ ауындзгæ сахат ныл- лæууыдис, æппын размæ нал цыдис. — Ды дæр сахатæн ницы æмбарыс æппын? Скæс- ма, цас амоны? — æфсинмæ дзуры Гæмæт. Уый йæм кæсгæ да&р не ’скодта, афтæмæй дзуапп радта: — Къулыл ауындзгæ сахат у, уый уынын. Гæмæт æнæбузныгæй, тæргайхуызæй йæ цæстæнгас иувæрсты ахаста, стæй та разылд æмæ йæм йæхæдæг скаст, афтæмæй дзуры: — Чидæр гæды уасынæн куыд дардта, уыйау мах та сахат рацъыкк-бацъыккæн сауыгътам. — Чындз æй тынг дзæбæх æмбары. Чындз бирæ цыдæртæ зоны, фæлæ ды дæр хæдзар- гæс вæййыс æмæ йыл сахуыр кæн дæхи... Кæд ма исты ныхæстæ рауадаид Натка æмæ Гæмæ- ты ’хсæн, уæддæр сын фадат нал æрцыд. Æддæдуа- рæй ныхæстæ æрбайхъуыст, æмæ дзоныгъ æрлæууыд, уый бæлвырд нæма раиртæстой, уæддæр дыууæйæ дæр фæхъус сты. Уынгты цæуæгæй фылдæр цы ис, зæгъгæ, æмæ сæ ничи ракаст. Æнæуи дæр ацæргæ адæймаг 45
мæнæ-рæвдз кæм у фестынмæ æмаб ног чындзы хæдзар- мæ цы æфсинты размæ фæхонынц, уыдон каст код- той æрбахизæны дуармæ. Бирæ рæстæг нал рацыдис, афтæ Алыксандр дуар айтыгъта æмæ Солтанимæ, кæрæдзийы цæнгтыл хæц- гæйæ, агъуыстмæ æрбахызтысты. * Сау цæсткæсæнтæ, цæсгом цъæх стъæлфытæй дзыгъуыр, рахиз къухы лыстæг лæдзæг, мæллæг æн- гуылдзтæ, йæхимæ хъусгæ, æнкъард, цыбыр къурт- кæйы, кæрдæгхуыз хæлаф æмæ хæдоны, йæ сæрыл хуымæтæджы фæсмын хъусджын худ, — гъе, афтæмæй æрлæууыд Солтан, хæстмæ ацæуынхъом кæм байрæзт, уыцы агьуысты астæу. Гæмæт æмæ Натка фембæрстой, феньш æнхъæл кæмæн нал уыдысты, уыцы фырты уавæр, фæлæ уæд- дæр цалынмæ фæйнæ-фæйнæ цæсты тъæбæртты код- той, уæдмæ хинымæр нæ састысты, зын сæм кастис хи бауырнын кæнын саугуырм у, зæгъгæ. Уæддæр та мад тæнзæрдæ кæм нæ у æмæ Натка- йæн цин æмæ тæригъæдæй тыхт къуыбылой йæ хъуыр- мæ куы схæццæ ис, уæд нал бабыхсыдис æмæ цæс- сыгтимæ ныхъхъæбыс кодта йæ хъæбулæн. — Нывонд ын æрбауа йæ мад йæ лæппуйæн!.. Солтан бахудтис æмæ, йæ цæсткæсæнтæ уыцы иу ранмæ здæхтæй, йæ къухтæй лæгъзытæ кодта мады уæхсчытæ. Мынæг цæстытæй ма цæй цæссыг февзæры. фæлæ йæм уæддæр афтæ кастис, цыма ставд æртæх- тæй згъæлынц мады урс сæры хъуынтыл æмæ, цæст- кæсæнтыл хæрдмæ схæцгæйæ, радыгай асæрфта цæс- тыты афтид къуырфæнтæ, стæй хæкъуырцц куыдæй сулæфыд йæ фындзæй. — Хорз, хорз, Натка! Ныр уæхимæ уыдзæнис æмæ йыл цинтæ кæнынæй бафсæддзынæ... Стæй иууыл дæу нæу. Бæгуыдæр, мæ фыдыстæн!.. Æмæ йе ’ннæ æмбис кæй у, уый къух райсын дæр æй бауадз, и? Солтан, Гæмæт дæр дæ уæлхъус лæууы, Гæмæт... — Æгас цæуай, лæппу! — Æгас цу, æгас, бæппу!.. Æри-ма мæм дæ къух, кæм дæ?.. — сдзырдта Солтан æмæ дыууæ къухы (сæ ну — дæрзæг æмæ фидар, иннæ — мæллæг, фæлурс æмæ æдых) кæрæдзиуыл баныхæстысты. Фыд цыдæр | 46
æнахуыр æнгасæй исдуг цæсткæсæнтæм фемдзаст, стаей стъолы фарсмæ байста йæхи. — Гъы, хабæрттæ?! — сдзырдта уырдыгæй. — Æрбадут-ма, Алыксандр. — Хабæрттæ уый фæстæ, Гæмæт. Уадз æмæ уал йæхитæ-йедтæ æрыхса, фæндагыл цæугæйæ дæхæдæг нæ зоныс?.. Марадз, дон фен, чындз!.. Цом-ма... Алыксандр дыккаг уатмæ бахызтис Солтанимæ, Зирæт дæр сæ фæстæ. Дыууæзæронды чындзæй сæ цæстæнгас нæ истой, цымæ йæ мойы ацыдæй абонмæ кæй фенхъæлмæ кастис, ууыл æрфæсмон кодта, æви нæ, зæгъгæ. Уайтæккæ дæр фермæйы хицау фæстæмæ фæзыл- днс æмæ йæ фæдыл уаты дуар æнгом рассыдта. Иу- чысыл афæстиат ис, æмæ йæ кæд сæхæдæг нæма афар- стой, уæддæр ныллæг хъæлæсæй дзуры Гæмæтæн Сол- таны хабæрттæ. Натка дæр æм хæстæг-хæстæг байс- та йæхи. — Хæсты райдайæны, дам, хæцæнгарз райстон мæ къухмæ æмæ, дам, чысыл цъæррæмыгъдты йедтæмæ никуы ницы фæдæн. Гъе, стæй, дам, ныр банцайдзæ- нис, уæд банцайдзæнис хæст, афтæ знаджы сармадза- ны нæмыг мæ разы фехæлдис... Æнæуи дæр бирæ цæфтæ у, мæгуыр, афтид цæстытыл куы уаид... Мад та скæуæгау кодта, æмæ йæм Гæмæт фæ- тызмæг. — Фæлæуу-ма чысыл!.. Дзурæджы-иу дзурын бауадз! Алыксандр дзырдта дарддæр: — Гъемæ, дам, дыууæ азы бæрц рынчындæтты фæхуыссыдтæн, стæй, дам, мæ, сахъатæй æвæгæсæг чи у, уыдон кæм вæййынц, ахæм хæдзармæ арвыстой, æмæ уым цардтæн. Исчи йын ис, уый барæй не’схъæр кодта: кæй, дам, ма хъæуын къодахы хуызæнæй. — Цыма давгæ-давын бацарæфтыд ис... — кæуын хъæлæсæй та сдзырдта Натка. — Уым сæ ахуыр фæкæнынц, — афтыдта ма йæ ныхасыл Алыксандр. — Солтан дæр фæндырдзæгьдæг сси. Дæлæ уыцы цыппæрдигъон асыччы йын фæндыр ис. Æппын никæйы æххуысæй дæр гъæйттæй йæхи дарынхъом у. 47
— Ницæмæн нæ хъæуы йæ куыст, æгайтма нын æгас у, — æмдзырд скодтой мад æмæ фыд. * Уæдмæ уаты йæхи цæхсадта Солтан. Зирæт ын раи- вын кодта йæ дарæс æмæ йын систа, уал æмæ уал азы итувæрдæй къамоды цы костюмтæ дардта, уыдон. Æх- сæз ордены æмæ цалдæр майданы дæр ьш æрфидар кодта йæ риуыл. Кæд раздæр фистæг æфсæддоиы дæрдджын хæдоныл ницы уыййас зындысты, уæд ныр се ’цæг хуыз сæвдыстой. Зирæт та йыл ныттыхст æмæ йын, йæ сæр йæ хъæ- бысы бакæнгæйæ, зæгъы: — Дзырдта мæм мæ зæрдæ, æмæ мæ уырныдта... Иумæ та стæм ныр... — Цæмæн ма дæ хъæуын, цæ, саугуырмæй? — арф ныуулæфгæйæ, дзуапп радта Солтан. Кæуæгау бакодта Зирæт æмæ йæ ноджы æхсызгон- дæрæй рæвдыдта йæ лæджы. — Зæрæдты цурмæ цом, худинаг у, — бамбарын кодта Солтан Зирæтæн. Æмæ, кæрæдзийы къухтыл хæцгæйæ, рацыдысты бинонты размæ.
ТЪУРИЙЫ МАСТ урийыл иу низы хатт ныйичъи ис, æмæ, марадз-зæгъай, кæд ма йæ цух уагъта. • Мæнæ нæхи хъæуккаг Тъурийыл. Æниу æй бæлвырд амонын хъæуы? Уыйта чи нæ зоны? Хынцджытæн сæ тæккæ дæсныдæр зæгъ, æдоæ дын, гъе, уый Тъури. Кæс-ма йæм: уыцы урс-урсид æрттивы йæ сæр, фæлæ зачъетæ ’мæ рихитæ — абабау: цæсгомы хил рауа- дзынмæ æмхиц нæу. Боцъо, дам, номгæнæг куы уаид, уæд сæгъæй раздæр йæ хал никæмæн схэуид, Хъуын- джын æрфгуытæн йæ дзыппы дары щеткæ æмæ сæ цæугæ-цæуын дæр алæгъзытæ кæны, йæ «низæй» йæ чемы уæвгæйæ. Уыдон бынмæ—цъæх цæстытæ лалым- гæндтимæ. Гуырцæй у, æви йæ риуыгъгæ искуы бакод- та — йæ фындз тæссармæ здыхт. Дзыхы дæндаг арæх нал, фæтæн роцъо — бæлвырд къахыримæ йæ тæк- кæ астæу. Фондзыссæдз азы фæцæрынмæ фæкувы æмæ уал сын се ’мбис сбонтæ ’мæ сæхсæвтæ кодта. Уый тых- хæй хуыцауæй бузныг у æмæ куы фæхуыссы, уæд йæ- хиуыл дзуар бафтауы ахæм ныхæстимæ: «Дæуæй ра- зы, нæ иунæг уæларвы бадæг, æмæ мын мæ фондзыс- сæдзы ма фæкъахыр кæн. Фæлтау-иу ме ’набрайы лы- мæн Тотыккæй... иуныхасæй, уымæй-иу райдай...» Йе ’фсин, Села, æнæзынгæ æвæрæны цæттæ ныхæс- ты дзæкъул кæм нæ дары, æмæ та уæд уый дæр афтæ 4 Уæлладжыраг хабæрттæ 49
бакæны: «Йæ тъæпкъах усы дæр ык-иу йемæ фæкæн, табу дын уа!.. Цурконы!..» Уымæй сын уæлдай нæу: уазæг сæм ис, хъусгæ сæм исчи фæкæны, гъе, ууыл нæ фæхъуыды кæнынц, уыдæттæ дзургæйæ. Ницы хуызы сын ис басæттæн сæ ахуырæй. Афтæмæй сын айфыццаг Маринæ цытæ нык- калдта, уыдон, æвæдза. æгæр уыдысты! Села уал æй тъæпкъах Цуркон хонæд. Загъд цæуыл рауадис, уый мæнæ афтæ рабæрæг: æрфысым, дын, кодта Тъури- тæм сæ дардхæстæг чызг. Цы сусæггаг у, зæнæг сын нæй, уый зыдта æмæ хинымæры скарста, уым мын хъармдæр ран уыдзæнис, зæгъгæ. Æмæ нæ фæфæсмон кодта, цалынмæ йын Села иуафон хуыссæнуат бакод- та, уæдмæ. Гъе, стæй дын, ын йæ хъусы ныллæг хъæ- лæсæй куы бадзурид: — Ра#ст-бавæрды хуыссæнгæрзтæ сты, мæ к>она, æмæ сæ ма счъизи кæн... Ницы сдзырдта уазæгчызг, джихтæй уæлдай. йæ цæсгомыл бæлвырд фæзындис тæргайдзинад. Баиафон, æндæр цæугæ дæр акодтаид. Села йæ, æвæццæгæн, фембæрста æмæ дын афтæ: — Æргомдзырд дæн, æмæ мын æй рæхойæнмæ ма бамбар... баулæф. Баулæфыныл ма уыдис ахæм æфхæрды фæстæ?.. Цавæр у, ау? Рæгъæд, сырхварс фæткъуыйау, йæ мой- кæнын афон куы у, уæд уыдон цы ныхæстæ сты Села- йæн? Чызг куы хуииы, — æвзист цъары тыхт къафет- ты хуызæн! Æмæ ма уый дæр гъы, фæлæ Тотыкк æмæ Мари- нæйы койтæ та? Æцæгæлон исчи ма куы уаиккой, фæ- лæ уазæг чызгæн йæ мады æрвадæлтæ. «Бон ма мыл суæд, æндæр уæ иууыл ныхæстæ дæр Маринæтæм хаст уыдзысты, кæд афтæмæй у, уæд». Æмæ кæнгæ дæр афтæ бакодта. Цы фехъуыста, уый нæ, фæлæ ма сæ алкæмæн йæ хъæлæсы хатт дæр рафæзмыдта. Æнæуи дæр чысыл æфсонмæ чи æнхъæлмæ кастис, уыцы Маринæ, дын, уый айхъуса: уынджы иу рæн- хъыл цæргæйæ, Тъуритимæ се ’хсæн дыргъбæлæсты цæхæрадон йедтæмæ ницы уыдис æмæ, дын, мæнæ стуртæ хизынмæ скъæрын афон æруайы. Села дон æр- 50
байсынмæ рацæйцыдис, фæлæ Маринæйьт куы ауыдта, уæд ын, йе ’уæны кæсæгау, йе ’рцæйцыд цæй фæдыл уыдис, уый фембæрста æмæ фæстæмæ фездæхт, афтид бедратæй дзыгъал-мыгъулгæнгæ. Маринæйы уынд емынæ хуыдта. — Нæ, нæ, афтæ фæлæуу! Уымæй йæ нæ фæхицæн кæндзынæ! — Маринæ йæм дзуры фæсте. — Чемæ дзурыс?.. Мæнырдæм исты? — не ’мбарæ- джы фарст ма акодта Села. — Дæу йедтæмæ ма хъазæн хъулы ном кæуыл ис, сых дын æрбадой дæ хисты?! — ныр къух райсыны онг хæстæгмæ дзуры Маринæ. Мастæй йæ цæсгом æнахуыр хъулæттæ кæны, зынджытæ фестадысты йæ цæстытæ. — Ног та мæ къахыс?! И?! Дæу фæрсын, стæй уæд дæхи хъоздæндаджы зылын ныккæн! Села йæ сæр иуварсырдæм азылдта æмæ къуха- мындимæ зæгъы: — Афтари дæ хуыцау фæкæнæд, ды мæм куынæ æрбауырдыг уай сæумæцъыккæй!.. Маринæ рафыхт фырмæстæй. Тугæнæгау акодта Селайырдæм» — Æлгъыстаг дæлимон! — зæгъы. — Ахæм хабе- дзен кæд у дæ лæг, уæд уал æмæ уал азы къуыртты бадут, æмæ уын цал цъиуы ис?! — Дæуæн ис, æмæ сæ быныл баззай! — нæ бафæс- тиат ис дзуапмæ Села. Йæ мæстдзæг фæрæхойын ын дæ зæрды ис, уæд ын бакой кæн, æнæзæнæгæй æр- хæррæгъ дæ, зæгъгæ. Маринæ дæр раст уырдæм хъавд фæцис, — Агъæц-а, ноджы ма мæ æлгъитгæ кæныс?! Уæд тъæпкъах та кæй хоныс?.. Моймæ куы цыдтæ, уæд тæ* нæг цъындаимæ дæ къах æхсæрдæсæм номыр къало* сы куынæ цыдис, уæд дæуæй мæнмæ хауы уыцы ном?! — Гъе, уæддæр, дæуау, хингæнæг нæ уыдтæн æмæ нæ дæн. Адæмы лæгтæн алы емынæ дарыс, æмæ сæ дæхиуыл сбастай! Хицау дын нæй, æндæра ды дæ къахæй ауындзинаг дæ! Ауай, акуиты у, æмæ та кæд дæ фырмæнгардæй де ’фсæр фелвæсид! Тъури дæр дын тыргътыл алæууыд мидæггаг хæ- доны, тилы къух: — Арвитæй! 51
• — Нæ цæуын, нæ! Æххæст уын уæ мард фенон! Дæ . гуцъа нæм цауг дзаджы бакодтай, уал рондзы ска- :лай! — Тъуримæ дзуры Маринæ. — Асур æй! Дæумæ дзурын, Дурион! Ныр Маринæ æцæг фæзылдис, фæлæ цæугæ- дзургæ: — Кæуынмæ уæм æрцæуæнт адæм! Саумæр уæ . аныхъуырæд! йæ къæхтæ æрцагъта Тъури, хъæр кæны Селамæ: — Цæв уыцы хингæнæджы бедратæй! Дур ыл фехс!.. — Ныр, æвæдза, ардыд нæ уыдысты, уæд сæрмæ æрхæссинаг чи нæ у, ахæм ныхæсты бæсты Тъури дзырдтаид Селамæ: «Дæ хъæбысы акæн Маринæйы». Фæлæ уыцы зæгъдтытæ тынгдæр сыхæгты ус Сар* тийы арæзт хъуыддæгтæ сты. Уый дзыхæй балхынцъ мастдзинад Маринæ æмæ Селайы æхсæн. Уæд та Тъу- р.итæм æрбамидæг вæййы, . Селаимæ сусу-бусутыл схæцынц æмæ дын, бинонты æхсæнмæ Сартийы хуы- зæны æвзаг фæхæццæ уæд. Уæллæй, кæрæдзийы уарз- тæй æфсис куынæ зоной, уæддæр сын уый мæстæй сæ -кæрæдзимæ гæрзтæ райсын кæндзæнис. Кæс-ма уый митæм! Айфыццаг Маринæ арахъхъ уагъта, Тъури, дын, уым æрбалæууйдис фæрæтьпхъæд цæмæй акæ- нон, зæгъгæ, уый æфсон. — Мидæмæ рацу æмæ дæхæдæг рацагур, иу арахъхъ даер ануаз, — зæгъы Маринæ, æмæ Тъури хинымæр бахудтис — Аæ хъул та сах абадтис. — Уæ, цины куывдтæ дзы фæкæнай, Маринæ!. Суг . æрсæттьщ кæд, миййаг... — фæрсы Тъури. —^ Сугаей’ рæвдз дæн. Бузныг! Лæппутæ æрбырон кодтой, — зæгъы Маринæ. Тъури бæлæгъы фарсмæ æрбадт, йæ къухмæ систа цайцымæн агуывзæ ногуагъд арахъхъимæ æмæ райдыд- та цъирын. Кæд дзырдта, арахъхъ йæ:кæнæгæн дæр нæ бары, зæгъгæ, уæддæр аргъуыдта æмæ аргъуыдта алыхуызон сидтытæй. Стæй, куыд фæзæгъынц, йæ «уæлхæдзары цæрджытæ» сæ гæрзтæ куы æрæвæрд- той, уæд рацæйцыдис, фæлæ къæхтæ дæр нал хъуыс- той, æмæлæгæнтыды тæгæцайыл дæлгоммæ бахаудис. Уыцы минут æй маймулийы раз маймули схон, уæд 52
маймули стыр зæрдæхудт фæуыдаид, цæмæн мæ баф- хæрдтат, зæгъгæ. Уый фæстæ йæ дыууæ сыхаджы, сыфцæй ласæгау, куы æрцæйкодтой, уæд Сарти сæ разæй нызгъордта Селамæ. Фæцис та йын фадат бавзаг кæнынмæ: — Уæддæр дæ нæ уырныдта, Села. Æниу мæ цы хъуыддаг ис, фæлæ уæ нæхи бинонтæй къаддæр нæ уарзын... Уый та йын Маринæ бакуыста, Маринæ, æмæ та ма йæм акæс.уæртæ, цы хуызæнæй æрбацæуы, уымæ. — Нæ лæгæй ма зæгъ? — афарста Села. Сартийы дзуапп дæттын дæр нал бахъуыдис: сыхаг лæппутимæ кулдуарæй æрбазындис Тъури. æмæ æр- дæгдзæфтæй базарæгау кодта: — «Цывзы’джынæй дзы нуаздзыстæм!» — Мæгуыры бонтæ, мæ къона мын байхæлдта! Фесæфта мын мæ дарæджы! *— хъæр систа Села, стæй фæныллæгдæр кодта хъæлæсыхатт æмæ фездæхт сы- хæгтæм, къухтæ фæйнæрдæм айтындзгæйæ: — Гъы, ныр æм куыд хæцон, йæхи аххос куынæ у, уæд?.. Нæ йын бæззы, дохтыртæ йын нал уадзынц, фæлæ та йæм æй уæддæр уыцы дæлдзæхфæуинаг бадары. — Нæ, нæ. Уыцы адæймаг сыгъдæг нæу, — барæй ардауы Сарти. — Уæдæ уый цы у? Мæрдтыетæн, цæст- фæлдахджытæ æмæ æндæртæ нырма бирæ ис. — Цæй, мах цæуæм, — зæгъынц сыхаг лæппутæ æмæ кæртæй куы ахызтысты, уæд ма сæ хъустыл æр- цыдис Тъурийы ныхас: — Цы .фесты кæстæртæ?. Марадз, уазалæй хорз нæу, Дурион! : Тæвд сын ; æй акæн!.. Цывзы! æмæ фæйнæ... Лæппутæ бахудтысты,:æмæ цæугæ-цæуын се $хсæн . аивæй уыдис ахæм ныхас: ’ — Майрæм сæ къонайæн" уый зоны!... — Тотыччы усæй.зæгъынц, Маринæйæ. — Мæхи зонынхъом куы фæдæн, уæдæй абонмæ Тъурийы уыцы къуприйæ зонын. Маринæ та æрæджы æрцардис ам, уæд ын уый аххос у? Уæдæмæ йæ зæр- дæйы тæгтæй кæцыдæр агуыйанимæ ныхæст у. — Сартийы митæ сты. Маринæ йæ сæрæн ницьь зоны, афтæмæй сæСелаимæ" кæрæдзийыл сардыдта;: 53
Мацы йын ратт искæйы бинонты сызмæнтынæй хуыз- дæр. Гъеныр уымæн йе ’взагыл ныххæц æмæ йæ æд уи- , дæгтæ слас. Мæнгæй нæ дзырдтой лæппутæ: раст уыцы рæстæ- джы дæр Сарти кодта йæ кæнонтæ, ноджы куы бам- бæрста, йæ митæ фæрæстмæ сты, уый, уæд: — Куыддæр уыцы мæнгард нæ сыхы æрцардис, афтæ мын цъиу, карк нал кæны, нæ дзындзырмен кæр- дотыл гага нал зайы, нæ дзæргъ фефтыдта. Уымæй дæр дæс хъыбылы, — мин сомы! — Уæ лæгмæ дæр æй тагъд хъæуы уæдæ,— цырд- гомау Сартийы ныхæстыл дымæг аныхæста Села æмæ цæйдæр тыххæй бахудтис, кæд йæхи тынг мæстджын хуыдта, уæддæр. — Ма... Маринæ! Дæ... дæ... дон! Дон ма мын æрис! — тыргътыл, тъахтиныл хуысгæйæ, йæ цæстытæ цъынд, афтæмæй сдзырдта Тъури. Афтæ йæм каст, цы- ма, нуазгæ-нуазын Маринæтæм афæлдæхт æмæ ныр дæр ма уым ис. Сартийæн уыцы ныхæстæ айхъусыи мыдыкъус ахæрынæй уæлдай нæ фесты, уæлдайдæр Маринæйы коймæ: — Кæсыс? Хъусыс? Тæфсын ыл байдыдтой кæлæн- гæнæджы хинтæ. Гъеныр æвронгæй дæр «Маринæ, Мар’инæ» кæндзæнис æмæ ницæмæнуал бæздзæнис.,. Джиауыр, царæфтыд мæ фæкодта зæгъ, æмæ нæ фæрæдидзынæ. Гъе, Сартийы уыцы æдзæсгом миты фæстæ æрцы- дис зæгътытæ Села æмæ Маринæйы æхсæн. Æмæ ууыл дæр нæ ныууагъта. Моллойы йын бафæрс, зæгъгæ, иу къæвда рæстæджы кæцыдæр хъæумæ фервыста Села- йы, фæрсæгæн раздæр хъуыддаг бамбарын кодта, аф- тæмæй. Цы хæйрæг уыдис Села Сартийы здыхт митæн æмæ уыцы донластæй балæууыдис амынд молломæ. — Зæрдæхудты бæсты æндæр ран бацагур, мæнмæ фæрсæггаг æд хос дыууиссæдз туманы у... Рагацау æмбарын кæнын, — зæгъы молло. Фæстæмæ дæр нæ фæкастис Села, бахудтис æмæ, цъындайы хъусæй цы æхцайы гуцъула фелвæста, уый йын йæ къухты фæсагъта ахæм ныхæстимæ: — Æмæ дæ æнæхуынæй ныууадздзынæн? Абон сабат — ин- 541
нæйы ам уыдзынæн. Гъе, æрмæст мын ме ’знаджы ба- цамон, ссыгъдæг нæ кæн... хинтæй. Молло чъиуын цырагъы рухсмæ райтыгъта бæз- джынцъар чиныг. Кæд хæринаджы мыггагæй цы- дæриддæр ис, уыдон нымад кæм цæуынц, уый уыдис, уæддæр ын Села цы раиртæстаид. — Дæ мойы ном у Тъури, — дæлæмæуагъд æрф- гуытимæ, ивазгæ ныхасæй райдыдта гуыбынджын зæ- ронд сайæгой. Фæлдахы чиныджы сыфтæ æмæ дзуры аргъауæджы ныхасы хъæдæй. — Нозтимæ? Лымæн. Цæмæн? Уæ сыхаг — хин æмæ кæлæн æмæ йын хинтæ скодта. Уыцы хингæнæг адæймаджы дыууæ хуызæй кæцытæй у? — сылгоймаг, æмварсцæрæг, æрмæстдæр уе ’хсæн цæхæрадон... Хинтæ ныгæд, кæнæ æмбæхст никуы сты, лæвæрд ын æрцыдысты дон, кæнæ нозти- мæ... Табу уæллагæн, уымæн мæм ис хостæ. «Мæнæ æцæг диссæгтæ, куыд æй зоны, суанг номы онг?» — хинымæр дистæ кодта Села. Куы цыдис, уæд йемæ рахаста цыдæр цыппæрдигон гæбаз, хæцъилæй хуыд. — Ацы чиныг ын-иу бахуи, мæгуыр йæ бон, йæ ба- зы галиу сиучъы, — бафæдзæхста молло, фæлæ йæ Села бафæрсын нæ бауæндыдис, цыппар сиу- къæй галиу кæцы у, зæгъгæ. Æмæ Тъурийæн нывæр- зæнæн цы баз дардта, уый йæ урс цæппæртæм гæсгæ æдзухæйдæр æвæрдта иухуызон ахæм хъуыдыимæ: «Уæлгоммæ хуысгæйæ, ацы сиукъ галиу фæуæд... Ам æй хуийын... У-у, лæгтыдзуар, дæуæн табугæнджытæ стæм, æмæ нæ лæджы ссыгъдæг кæн, Цурконы æлгъыстæн та йæ хинтæ йæхирдæм фездах». Цæмæй уыцы куыст бакæна, уый тыххæй Села ба- хъавыдис, хæдзары иунæгæй куыд аззайа, ахæм рæс- тæгмæ. Æмæ йын уайтæккæ дæр фæцис фадат: дох- тыртæм фæцыдис Тъури. Фæстаг хатт куы фæразуæз ис нозтæй, уæд æй тъахтиныл хуысгæйæ, дыууæрдæм дымгæ ныццавта, æмæ фæрынчын. Иу мæйы бæрц ын нозт уæнгæл фестадис, быхсыдис æмæ æнæсайдæй æх- хæст кодта дохтыры фæдзæхст. Фæлæ иу хуыцаубон Села базармæ куы рацыдис, уæд æм рауадис йæхи зæрдæимæ ныхас. Афтæ дзырдта: — Мæ зæрдæ, уæ, мæ зæрдæ! 55
— Цы кæныс, Тъури? — Иу хъуыддагæй дæ бафæрсынмæ хъавын. — Дæ хорзæхæй, хъусын дæм, Тъури. — Цыдæртæ хъусын æмæ æцæг сты, нæ зонын. Гъемæ мын æргом . зæгъ, цæмæн мæ æфхæрыс, уый. — Æз дæу? Мæхи Тъурийы? — Арæппын, дохтыртæ мын афтæ зæгъынц, дæ зæрдæ, дам, дæ нуазын нæ уадзы. — Хъыпп-сыпп дæр никуы скодтон, Тъури. — Дæуæй зæгъынц, æмæ æз та дæуæн зæгъын. — Тъури, æз дæу зæрдæ нæ дæн? Дæн. Æз никуы ницы срæдыдтæн. Тъури рабадтис, райтыгъта скъаппы дуæрттæ, арахъхъæй цъупдзаг графын райста æмæ æрбадтис стъолы фарсмæ. Фыццаг сыкъаимæ зæгъы: — Гъе, уæдæ дæумæ хуыцауы арфæ, мæ зæрдæ! Уый фæстæ ма, цалдæр сыкъайы ануазгæйæ, афарс- та йæ зæрдæйы: — Йед та уæд, мæ зæрдæ? Марийæйы хъуыддаг дæм æцæг кæсы? — Цы мæ фæрсыс, Тъури, куы дын дзырдтон, мыс- гæ йыл чындæуы, зæгъгæ... Æгъгъæд нозт уал у, Тъури, дохтыр дæм куы загъд кæна... Æруадз дæхи. Æрхуыссыдис Тъури. Нывæрзæн бæрзонддæр куы уаид, зæгъгæ, базы’ сиукъ йæ сæры бынмæ æрбайста-, тæккæ Селайы æК1бæхст кæм уыдис, уый. Къæбутмæ ныббыцæу йс моллойы конд чиныг. «Цы мæрддаг дзы исГцы?!» — ахъуыДы кодта æмæ йæ сгары уырзæй. — А-а, Дурион! æХцатæ амыты фембæхсыс?! — сдзырдта хъæрæй æмæ базы сиукъæй райста дыууис- сæдз туманæй æлхæд «хос». Кæй конд æмæ кæй къу- хæй рацыд, уымæн Тъури кæцæй цы хæйрæг уы’аис, фæлæ йæ райхæлдта, æхца ’нхъæлæй. йæхуылфы гæххæтт, кæсы йæ: «æ-уæууæй, Тъури, фырнозтæй дæ хуыз ныббур и! Мæгуыр нæ дæн, демæ чи цæры?» — афтæ дзы фыст уыд. Тъурийы цæстытæ дыгай уыййæстæ фестадысты. Фыццаг фырдисæй, стæй фырмæстæй йæ нозт цы^æр æрбацис æмæ, мЗестæй тъæпп хаугæйæ, æнхъæлмæ кæсы. Села та хъæлдзæгæй уатмæ æрбахызт уыцы рæстæджы. а*'
— Ауай! Акуиты у! Дæ дымгæ дæр мауал уæд ам! Ахицæн стæм!..— хъæр систа Тъури, сынтæджы ра- бадгæйæ. — Цы кæныс, æмæ æз дæр-цы кодтон? — æрбай- сæфт йæ хъæлдзæгдзинад Селайæн, кæрдæйнаг феста- дис йæ цæсгомы цъар, цавæрдæр æнæзæрдæмæдзæугæ уазал’, æлхысчъытæгæнгæ, йæ уæнты зылдис. — Мауал мæ фæрс! Ахæсс, цы балхæдтай, уыдон дæр! Нал цæрын демæ! Ацу мæ хаедзарæй! — ноджы хъæрдæрæй та дзуры Тъури. — Цы кæныс, нæ лæг?! Судзгæтæ, бабын мæкодта Цуркон! — кæуынхъæлæсимæ йæ уæрджытæ æрхос- та Села. — Адде у загътон- æз!.. Мемæ кæй цæрыс, уымæй мæгуыр дæ æмæ æндæримæ схъæздыг у!.. — Йæ сæры зонд ын фæцæуын кодтай, судзгæ кæуынмæ дæм ссæуон! — загъта ма Села æмæ рацы- дис хæдзарæй. Уынджы та йæ размæ фæцис Сарти. Куы аныхæстæ кодтой, уæд,* дын, Сарти дзурынмæ фæтагъд ис: — Хорз уГЦин кæн! Хосæй райдианы рынчын фыд- дæр куы кæна, уæд ын æххуыс кæй у, уый зон. Гъе- ныр уæ ’ лæг райдыдта сыгъдаег кæнын моллойы хосæй. — Хуыцауы дзыхæй куы рацæуид! — фæныфсджын ис Села гæды ныфсæвæрдтытæй. Сарти та хинымæр худгæ кодта æмæ сдзырдта: «Гъе, гъе! æз уын уымæ бæллыдтæн, æз! Тъури дæм æввахс бæргæ нал æрцæу- дзæнис. Ныр дæр" ма бæрзæндты хæсдзынæ дæ сæр?» — Стæ-ма, дæ хорзæхæй, æз æм бауайон, æмæ цы хуызæн у, уый фенон: Ды уал дæхи айс, хуыздæр у,— зæгъы Сарти. Архайы ууыл, цæмæй ма уæлæмхасæн Селайыл истытæ æрæмыса Тъурийы цур. — Бауай ма йæм æцæг, — сразы Села. — Æз нæхи Дзыггынтæм ныккæсон. Сарти агъуыстмæ куы бахызт, уæд Тъури хуыссы- дис уæлгоммæ, йæ къухтæ нывæрзæн æмæ сæры æх- сæн æвæрд, цармæ ныдздза’гъыр, афтæмæй. — Куьщтæ стут? Æнæниз су, — ивазгæ ныхасæй дзуры Сарти. 57
Исдуджы фæстæ Тъури дзуапп радта: — Куыд фестæм, æрдиаг ма нæ хъæуы... Иунæг дæн, æмæ мæ мæнæ уыныс. — Куыд иунæг? — æнæзонæджы дард кæны Сарти йæхи. — Хæринаггæнæг кæм ис? — Кæм фæнды уæд ныр! Мæ хæдзары нал хъæуы. Хингæнæг рауадис! — Цавæр у?.. Маринæйæ уыцы куыст уымæ хауы? - дистæ ’мæ ницытæ кæны Сарти. — Цытæ мын дзурыс?! Ардæм ма кæсгæ кæн! — моллойы конд чиныг æвдисы Тъури. — Диссæгтæ... Рье ныр ма адæймаг кæуыл баууæн- да?.. Уæдæ ма дын æз дæр иу хабар радзуриет, Тъури, æмæ мæ куы схъæр кæнай, æмæ мын исты бæллæхтæ куы сараза... — Сывæллон схонын мæ дæ зæрды ис, æви къæ- бæда? — зæгъы Тъури. — Цæвиттон-иу ды искуыдæм балцы куы ацыдтæ... æмæ искæйы койтæ кæнын ахуыр нæ дæн, æндæр иу бон дæр æнæлæг нæ фæцис, — хæрзарæхстæй мысы- дис Сарти. — Фæизæр ис, зæгъгæ, афтæ кæс, æмæ та куы иу, куы иннæ... -Хæринаджы дзæбæх сын, нозт... Стæй сыл уæд хъуамæ бон æрбацъæхтæ уыдаид... æз куы зæгъын: искæйты æхсæн бавзаг кæнынæй мæ емынæ уынын, æндæр ын æз иуахæмы бакойтæ кодтон, æмæ, дын, афтæ: «Никæйы ницы хъуыддагис. Не’нæ- зæнæг нæ лæджы аххос у, æмæ æз та сывæл- лон...» — Афонмæ йæ асырдтаин,, раздæр мын куы загъ- таис, уæд! — Дæхæдæг дæсныдæр дæ, Тъури... Цон, нæ чысыл дзуарæй рынчын у, æмæ йæ ме ’фсины бар фæуагъ- тон... æнæниз ысу, — рацæйцæугæйæ ма загъта Сарти. — Афæндараст у, — æнæбарыгомау, фæрсырдæм кæсгæйæ, сдзырдта Тъури дæр. Изæрырдæм та Села æрбацыдис, кæд ныр Тъури- мæ æндæр зонд æрцыдис, зæгъгæ, фæлæ кæм! Æцæг диссаг та уæд фæцис Тъури æмæ арвыста Селайы. Уый дæр уæд, цы гæнæн ма йын уыдис, æмæ баца- гуырдта йæ цæгат, æрцардис уым. 158.
* * * Хъæубæстыл ахæлиу Тъури æмæ Селайы хабар. Адæм лыстæг сасирæй æрлорстой хъуыддаг, Æмæ æп- пынæрæджиау рабæрæг сты молло æмæ Сартийы гæ- ды митæ. Чысылгай йыл æртæфст, стæй бамбæрста Тъури йæ рæдыд æмæ уæзданæй бацагуырдта йæ къай Селайы. «Сартийы мæнгард йæ хъулон æвзаги- мæ не ’хсæн бафтыд æмæ нæ иыззыгъуыммæтæ кодта, бафтыдта нæ адæмы цæсты»... хъуыды кодта хины- мæр. Села йæ цæгатæй куы ’рбаздæхтис, уæд ын загъ- та: — Гъы, фæуæд æмæ æз фæрæдыдтæн, фæлæ мын ды та цавæр моллотæ ’мæ Сартитæм байхъуыстай?.. — Цы ’рцæуы, уымæн раздахæн нал вæййы, æндæр бæргæ бамбæрстон уыцы рæдыд, — æрдæгкъæмдзæс- тыгæй дзырдта Села. — Исты хъæуы сыхбæстæйæн, цæмæй сæм нæ миты фæстæ комкоммæ кæсын уæндæм æмæ хъуыддаг бæлвырдæй зоной, уый тыххæй. — Афтæ, æнæмæнг, — сразы ис Тъури æмæ фыц- цагдæр хуыцаубон куы æрцыдис, уæд Тотыктимæ скодтой сыхæн куывд, фыдæвзагæй цы масты къуыбы- лой стыхст се ’хсæн, уый адæмы раз, райхалæм, зæгъгæ. — Уæ цæрæнбон бирæ уæд, Тъури æмæ Тотыкк! Æгайтма кæрæдзи бамбæрстат æмæ уæ ардауæджы раиртæстат! — арфæтæ кодтой сыхбæстæ фынджы уæлхъус. Уалынмæ, куывд йæтæккæтынгыл куыдуыдис, аф- тæ дын Сарти йæ хуынимæ кулдуарæй æрбахызт. — Асурут æй! — схъæр ласта Тъури, — нæ бæз- зы! Æлгъаг у йæ хæринаг дæр! Фæйнæ-фæйнæ ныхасы фæрсырдыгæй дæр счын- дæуыдис, æмæ дæ фыдгул уыцы минут Сартийы бына- ты куы уыдаид, — куиты хæринаг æй бакодтой, аф- тæмæй йæ фæд-фæд æд хуын фæстæмæ рахъуытты ис. 59
МАГУСАИÆН-ЦÆФ æ хъæутæй мын раппæлынц!.. Ма- хæн нæ хъæуы, уæлæ комы дымæг- мæ æввахс, стыр дурын агъуыст ис. «Колхозоны хæдзар», зæгьгæ, йыл егъау дамгъæтæн фыст, ома фысым- уат. Уæллæгъи, кæд уымæй размæ æгас сыхбæстæйæн дæр дæ хъæстытæ фæкодтай, æх- сæв мæ хуыссæг нæ ахсы æмæ хурхæй мæлын; зæгъгæ, уæддæр уым цæстыты тъыфæлттæ уайтагъд кæрæдзи- йыл аныхæсынц æмæ ма сын райсомæй ратонæнтæ вæййы кæрæдзийæ! Хæрзсыхагмæ, кæнæ иу артæй дих хæстæгмæ уæвгæйæ дæр ма нæ фæцæуы адæймагмæ хуыссæг æввахс, фæлæ уы’м дæ зын — æрцъынд кæ- нын, æндæр адджынæн афынæй уыдзынæ. Уыцы æм- хуызои фæлмæн сынтæджытæ дзы, сыгъдæг хуыссæн- гæрзтæ, скъаппытæ, кæсæнтæ, хихсæнтæ... Алцæмæй дæр ’хорз у фысымуат, ницы дзы зæгъæн ис, æнæхъæр, æнæуæлдай змæлдтытæ... Гъе, æрмæст дзы айфыццаг иу магусаимæ загъд рауадис. Магусайæн йæхи аххос уыдис: куыствæллад, фæлмæст адæммæ æнæхъуаджы сныхæстæ кодта, æмæ йæм уыдон дæр фæмæсты сты. Ахæммæ чидæриддæр смæсты уыдзæнис, — æнæхайыр цæрæгой у. Хæрам дæм чи у, уыцы бинонты фарсыл магуса ныххæцæд! Дуст ыл куы бапырх кæнай, уæддæр ратонын нал фæкомы. Цæсгом цы у, уымæн æмбаргæ дæр ницыуал фæкæны. Магусайы хуыссæг дæр нæ ахсы æхсæв. Уый л-а Ьо
йын. цы миниуæг у? Адæймат зæгъид, •: кздкуыстмæ бацæуыны тыххæй фæхъуыдытæ кæны, зæгъгæ, фæлæ Агуыбечыры: сæры’ ахæм з.ондæн йæ кой, йæ хъæстæ дæр нæй. Уæдæмæйæхи ныхæстæм тæсгæ. йæ низы хатт уымæй у, æмæ йе ’рбадæнты дудын хъарм, фæл- мæн хуыссæны дæр нæ фенцайы. Æмæ æфсæйнаг куы сты йе ’рбадæны фæлмæнтæ, ахæмы ахæсты чи бахауд! Иучысыл бандон ын ис, æмæ дæ уый цур айдæн ни- цæмæн хъæуы, хил дасгæиæ: тæмæнтæ йæ. скалын код- та хæлафы сыдзæгæй цыппæрдæс мæйы æмæ дыууæ къуыримæ. Раст зæпьын хъæуы, куыстмæ дæр рафæнд кодта, фæлæ айфыццаг уыцы æнæрайы æхснырст куы ’ркодта, уæд та бакъуылымпы ис. Йæ. зæрдæ йæхимæ фехсайдта æмæ та бады, нрджы йын ныр фадат фæцис æмæ рынчыны æфсонæй домы, цæмæй йæм бинонтæ дарой буцдæр цæстæнгас. — Иу бон уыцы æрхджын. суг куы æрсастон, не ’фсин, уæдæй фæстæмæ ме ’у^нгтæ сæ чемы нал ба- дынц. Хнд дæр ракодтон, æмæ мæ дымгæ ныццавта, зæгъын, æндæр цы уа? — знон ахæм хъаст ракодта Агуыбечыр Азауханæн. — Махсымæ дын бæргæ хорз уаид, фæлæ... хæдзар- мæ куы ницы æрхæссай, уæд æй адæймаг кæнгæ дæр цæмæй скæна, цæ? — дзуапп радта Азаухан. — Нæ- фæразгæтæ кæныс, æндæр дæ исты куысты фæсæдзын хъуыдис афонмæ. — Уый куыст уал фæлæудзæн, исты мын сыхырна- йы цы дон акæнай, уыйау куынæ у... Фæлæ ма уæртæ уыцы хъæрмхуыппæн канчырийæ йæ фынчытæ фел- •вас... Кæрдзын кæныс, æви цы змæнтыс? — Кæйдæр фарст мæ куы кæныс. Цы, дам, ласыс, уый, хорз лæг? — Арсы мард. — Ау, æмæ хосы уæр- -дон куы у, уый.— Дæуæн ма уый загъдæуа: цы ла- сын, уый куы уыныс, уæд м-а мæ фæрсгæ та цæмæн кæныс?.. Уыйау, дæуæн дæр дæ цæстытæ Хъосæджы куынæ сты хизынмæ, — худгæмхасæн ныхасæй фел- хыскъ кодта Азаухан Агуыбечыры. Уый дæр дын, бæ- . гуылæгау, куы фестъæлфид: — Уæд сæм сдзурæн та æппындæр нæй! Абабау, макæмæи сæ зæгъ йæ рæдыд!.. Кæрдзын нывыл нæ кæ- ныс де ’рцыдæй абонмæ! Дзæбæх æй нæ азмæнтдзæн, 61
не ’рнæмдзæн, фæлæ сæ аселатæ кæны. Уымæн йын араугæйæ саупиллон бавæййыиц... Цæй, ныр балцы цæуын æмæ исчердæм змæлыс?! «Тæхуды-тæхуды, искуы ацы лæджы мауал уын! Мауал ын хъус йæ хъуына ныхæстæм!»— нæхинымæ- ры сдзырдта Азаухан. Стæй уæд, тæвд пецы хуылф- мæ кæрдзынимæ архайгæйæ, тæргайхуызæй раны- хас кодта: — Мæнæн дæр бадзырд никæимæ конд ис, ницы гæххæтты бафыстон мæ къух... Кæй зæрдæмæ нæ цæуы мæ хойраджы конд, уый дæр йæ куыстытæй хурхы онг не ’сси æмæ-иу ракæрдзын кæнæд... Йæ бындар фæуæд, кæд ма æз не ’змæлын æмæ... æз нæ архайын!.. . Агуыбечыр тарст галы хуызæн йæ цæстытæ фæирд кодта æмæ йе ’фсинмæ æваст фæзылдис: — Æмæ, æниу, уæрдджын хæфс не ’змæлы?! Фæлæ уымæй уæлдай дæуæн дæр размæ не ’нтысы! Сихора- фон у ныр æмæ рæвдз дæн цæуынмæ?.. Змæлæг уæ ма- уал уа, уæхи кой йедтæмæ куы ницы кæнут!.. Кæннод мæ цы куирын тилы дохтыртæм цæуынмæ? Мæнæ уын æз куынæуал уон, уæд-иу, уæ дæндæгтæй симды цагъдгæнгæ, расимут хæдзары къуымты!.. Дæумæ дзу- рьш: æхца мын фен... — Цавæр æхца? — мæстыхуызæй афарста Азау- хан. — Дæхæдæг мын нæ загътай, дыргътæй цы æхца райстам, уыдон нæ къахыр кæнæм, зæгъгæ? — Æмæ уæдæ ныр мæхн маринаг дæн, къахыр- сахыр?! Къуырма бадæ: куыд æвзæр æхснырсын, уый нæ хъусыс?! — фæтъæлланг ласта Агуыбечыр. Уыцы карз ныхæсты фæстæ бирæ нал бафæстиат. Донгонд дзулы æрдæгæмæ иугуымбыл йæдзыппыты куы авæрдта, уæд фæраст. Районы дохтырæн йæ хъæстытæ куы ракодта, уæд ын, цы æмбæлдис, уый загъта. Уымæн йæ хъуыддаг афтæ у: рынчынæн йæ низ бацамонын æмæ хос рафыс- сын, æнæниз адæймагæн та цыбыр ныхæстæ акæнын, цæмæй æцæг рынчынты фенынмæ къуылымпыгонд ма цæуа, уый тыххæй. Агуыбечыр дæр тагьдгомау уы- мæн фездæхтис æмæ йæ фæдыл уымæн бассыдта, дох- тыр цы уаты бадтис, уый дуар. «Кусгæ кæн, низæн дæм йæ кон дæр нæй, — хинымæр æууылдта дохтыры 62
ныхæстæ цæугæ-цæуын. — Бирæ æмбарыс!,. Цæст- кæсæнтæ мын бакæнынц æмæ уымæй дохтыртæ фæхо- нынц сæхи!.. Нæма рацыппæрвад кодта уазал де ’уæнгты æмæ нæма æрыхснырстытæ кодтай, æндæр гу- гыны ныхæстæ нæ кæнис... Уæдæмæ иу иннæйы ни- зæй . хъæрзæг куы уаид, уæд цæф арсы хъæрзт кæнис...» Ахæм мастимæ Агуыбечыры изæрдалынгтæ «Кол- хозоны хæдзармæ» бахастой. Сæхимæ дæр ацыдаид, фæлæ йын дæснымæ бацамындæуыд, æмæ уымæ гæсгæ æрфысым кодта. Хæстæджытæ дæр ын уыдис уыцы хъæуы, фæлæ сын сæ сывæллæттæн чысыл исты рæв- дауæнтæ куы алхæна, уый адæргæй сæм йæхи нæ бав- дыста. Уаты мидæг æртæ сынтæгæй фæрсагмæ дарддæр æвæрд чи уыд, ууыл йæхи æрнорста. Диссагау æм фæ- каст, йæ размæ чи æрбацыдис, уыдон, барвæндонæй, гом фæрсаджы ныхмæ кæй æрхуыссыдысты, уый. Æмæ, кæйдæр загъдау, гал хосæй амæлæд: Агуыбе- чыры амонд, — дымгæйы цъыртт æм никуыцæй хæццæ кодта, йæ низыл ын низ чи бафтауа, ахæм. Гъе, æр- мæст æй хуыссæг нæ ахста æмæ нæ. Æрцъындгæнгæйæ йæ уæлтъыфæлттæ дæлтъыфæлттыл куынæ ныхæсты- сты, уæд-.иу хæлæггæнæджы цæстæнгас иннæ сынтæ- джытыл ахаста. «Цæуылнæ хуыррытт кæной... Мæнау дын низимæ сæ зæрдæтæ дзурынц? — хинымæр дзырд- та. — Кæд ма сæ зæрдæты дзæбæхæн хорз фæкеф кодтой, уæд уæлдайдæр...» Суанг æнафонмæ . не ’рцъынд кодта Агуыбечыр. Иуафон рæстæг æхсæвы бæрзæндтæм схиза, зæгъгæ, æмæ бонырдæм згъорын райдайа, афтæ йæ фидиу- джыты, уасджыты, рарвыста æмæ уыдон дæр цъæ- хахст хъæлæстæй кæрæдзимæ бауасыдысты. Уыцы рæстæджы- Агуыбечыр хæлæг цы хъуыдыйæ кодта, уый фæзыгъуыммæ ис æмæ рамæсты: «Цы хæйрæджы хай мæ æрбахаста, цы, адон цурмæ? — хинымæр æф- хæры йæхи. — Наркоз кæмæн бадарай, уый дæр куы- нæ бафынæй уыдзæнис сæ хуыррыттмæ, уæд мæныл цы мæгуыры бон ис...» Исдуг ма бабыхсыд, стæй йæ фарсмæ шахты ку- сæг, Аматул, зæгъгæ, йæ ном, уый бауыгъта: 63
— Гъæй! Дæ мад, дæ фыдыстæн, дæ фындзы ере- пъланты завод ис, æви цавæр хуыррытт у?! Иннæты дæр æрфынæй бауадз и, мæ хæлар, мах дæр æхца ба- фыстам... йе та йæ мæрзгæ. ныккæн. дæ нуры рувæн. Аматул йæ фынæйæ куы фæкъуыхцы, уæд æваст ницы раиртæста. Хуыссæгхъæлдзæг цæстытæ царыл ахаста, стæй сæ æваст Агуыбечырырдæм æрзылдта. Йæ риуы дзаг сулæфыд æмæ фæстæмæ æрцъынд код- та. Чысыл фæстæдæр та Агуыбечыр йæ рæмбынкъæ- дзыл рабадт, ноджы тынгдæр Аматулы йе уæхскæй базмæлын кодта: — Уæуу, арв дæ ныццæва, кæд уæлгоммæ цы ныхъхъил дæ].Дæ иу фарсыл ма уæд та æрхуысс æмæ де ’нæрайы фындзы хыбар-хыбур мауал цæуа. — Иунæг кадджын хуыцауы тыххæй, сойылвых фыцыс, æви мæ цы разил-базил кæнын кæныс?! — хъуынтъызæрфыгæй йæ фæрсы Аматул. — Нæ фæлæ афтæ бакæн æмæмæмауал фæцагай... Хуыссæгхъæл- дзæгæй тынг мæстыгæр дæн, æрдæбон дарр дæм чысыл- тыл мæхи фæурæдтон. Цыдæ, цы?! Куырысдзау дæ, æви цæуылнæ ныффынæй вæййыс?! Уыцы ныхæстæм Аматулы фæндаггон æмбал Ас- лæнджери дæр фехъал. Авд гектары рывд цы бон фæ- цис, уымæн йæ хæдфæстæ хъуыддаджы фæдыл фæцы- дис æмæ йæ фысым «Колхозоны хæдзармæ» бахаста. Йæ цæстытæ фæджих кодта, галиу фарсыл æрхуыссыд æмæ сæ афарста: — Цы.хабар у уый, цы ныхасаг уæм ис æмбис- æхсæв? — Мæнæ иу цыдæр куырысдзау! ■— зæгъы Ама- тул. — Хуыссын, дам,- мæ нæ уадзут:. хуыр-хуыр кæнæм!.. — Уæртæ уыцы хæмхудджын зæгъы? Уый йæ ма- гусайы ном куитæ дæр кæмæн базыдтой, ахæмы каст кæны. Кусæг лæг нæу, æндæр топпы гæрæхтæм дæр бафынæй уаид. Цы гæнæг дæ, цы, аипп ма уæд, фæ- лæ? — бафарста Аслæнджери. — Дæу фæрсын, дæу! Дæхи, тæды мыстмæ куы бабада, уый хъус цы нык- кодтай? Агуыбечыр хинымæр йæхи æфхæрын райдыдта, цæ- мæн сæ ракъахтон, зæгъгæ, стæй та ахъуыды. кодта: 64
«Адонмæ мацыуал сдзур, уæд тæппудфæхондзысты адæймаджы»... æмæ дын фæхъæр кодта: — Сымах зонды кæрдинаг н&у, цы гæнæг дæй, уый! — Хуыцаустæн, ды сæудæджеры куыстгæнæг дæ!— йæ разæй та йæ фæкъуымбил ласта Аслæнджери. — Дзæгъæлы æнæхуыссæг нæ дæ: кæмдæр та фæхæрд дæ. Дæ фæндаггæгтæ, дæ сусæгæй уæййæгтæ цы слæу- уыдысты, уымæй фæфылдæр сты, и?! Цал цыды фæ- кодтай Бухармæ, куыстмæ дæ астæу куынæуал тасы, уæдæй нырмæ? — Цæй, ныр мыл слест кæнын дæ зæрды ис, æви мæм дæхи цы бафистæг кодтай?! — мæстфых ракодта Агуыбечыр. — Иу ран дæр нæ кусын, æмæ мæ уæ фыдæх уæд! — Ихх, æдзæсгом! Нæ кусыс, афтæмæй баппамæ та махмæ æнхъæлмæ кæсыс?.. Колхозæн йæ рæзты дæр нæ цæуыс, афтæмæй дæ фысым та «Колхозоны хæдзармæ» хæссыс?! Сыст уæлæмæ æмæ цæугæ ар- дыгæй! — Аслæнджери æмæ Аматулæн фæиу ис сæ ныхас. Сæ хуыссæнтæй фестадысты, æрдæгкæндтытæ акодтой сæ уаелæйы дарæс. Разиат — «Колхозоны хæдзары» хицау — сæ дзу- рынмæ дуарæй æрбахызт. Уымæ дæр æфхæрæнтæ æрхауд: — Ды дæр кæд ам хицау дæ, уæд дæ куыст нывыл кæн. Цæмæн ис ацы хуыскъастæу ам? Цы мигæнæг у, уымæй йæ бафарстай? — дзуры йæм Аслæнджери. — Куыд цæмæн? — афарста Разиат. — Æхца ба- фыста æмæ уымæн. —г Æхца? Цавæр æхца? — Аматул йæ къухтæ си- ны сæртæм фæбыцæу кодта æмæ хæстæгдæр балæууыд Разиатмæ.—Дæ бæрнгонд хъуыддагмæ æнувыд цæст- æнгас нæдарыс, æмæ дыл, мæ фыдыстæн, æз хицауад- мæ æрфысдзынæн, магусаты рæвдауыс, зæгъгæ. Мæнæ мыл æрбон уа... * Разиат йæхи рæстытæ кæныныл нал архайдта. Иу ныхасыл ныллæууыд, цæмæй Агуыбечыр хуыссæнуат суæгъд кæна æмæ йæхи айса, ууыл. — Уæдæ!.. Ныртæккæ фезгъорын... Дæ фыды хæ- дзар у æмæ дæ фырæфсæрмыйæ зæххы фæныгъуы- лын, — аразгæ сабыр хъæлæсæй дзуры Агуыбечыр. 5 Уæлладжыраг хабæрттæ 65
— Мæ фыды хæдзар нæу, фæлæ адæмæн иумæйаг хæдзар у. кæннод æй нæ зоныс!.. Иумæйаг хæдзар хорз куы ссардтай, уæд иумæйаг куыстæй аууæтты дæхи цы æмбæхсыс? Ацу, мæн дæр ма азымы баф- тыдтай!.. — Ныхъхъуытты йæ уадз ныр, æмбисæхсæв ма кæ- дæм фæцæудзæн, хуыссæд, кæд нæ ныхас цæуыл у, уый бамбæрста, уæд, — зæгъы Аматул. Æрсабыр сты. Разиат ацыдис. Аматул æмæ Аслæн- джери фæстæмæ хъæццулты бын абырыдысты. Рудзынгæй æхсæв тар цæстæй кастис. Бафынæй хъæу. Æрмæст ын, дардæй цæугæ дон йæ галиу фæр- сты згъоргæйæ, æнæрынцойæ, аргъæуттæ мысыд...
КЪАХÆВÆРДЖЫТÆ бонис. — О, бон у ныр. Иуафон дын кæрæдзимæ дзурынц Æвзагаты Цæджындз æмæ йе ’фсин Сасир. Алыхатт ~дæр «Сбонис» зæгъынмæ куы Цæджындз фæразæй вæййы, куы та Сасир, æмæ уайтагъд дыууæ зæронды сæ гæрзтæ кæныныл фæвæййынц. Гъемæ сæ чи фæнды уæд, фæлæ мæнг нæ уыдис нырдæр сæ ныхас: боны рухс æхсæвы тарыл фæтых. Арвы риуæй сæ зынг цæс- тытæ нал ныкъуылдтой стъалытæ, раст цыма бата- дысты. Æвæдза, уыцы афон уæлдай хорз вæййы нæ хъæу: хæхтæй йæм фæивылы зæрдæмæдзæугæ дымгæйы уд- дзæф;. хурыскæсæны фæбады сæуæхсидт. Быдырæй фæхъуысы тракторы гуыв-гуыв; мадæл мæргьтæ. ра- тæхынц сæ цотæн хæринагдзуан; æфсинтæй алчи фæ- дуцы йæ хъуджы; чи йæ куыстмæ фæтагьд кæны, чи балцы цæуынмæ, чи чындз хæссынмæ,—рарайы, рафы- цы хъæубæстæйы цард. Уым алчидæр фæархайы куыд- лæгдæрæй: чи бырсы размæ, чи йæ риуы æмбæрц цæуы цардæн йæ астæуыккаг гуылфæнтимæ, чи аззайы фæс- те, — дугъæттæн дæр ма нæ фентысы æмуад кæнын. Фæлæ диссаг цы у: фадат уæвгæйæ, царды дугъы фæсте чи аззайы, уыдон æппæлойдæр æмæ æдзæстуар- зондæр сты иннæтæй. Цæджындз æмæ Сасирæн сæ замантæ æмæ сæ фадæттæ аивгъуыдгой æмæ иутимæ 67
дæр нал тырнынц ныр. Сæ фырт Джакъо чемæ уа, уы- дон дæр уыимæ... — Æй-джиди, йæ! Ацы диссаджы цард мæ лæп- пуйæ куу æрæййæфтаид, не ’фсин, уæд æвæццæгæн æмæ, иу лæджы фырты дæр мæ разæй ницы хъуыд- даджы ауагътаин, — зæгъы та Цæджындз.Сасирæн дцы райсом дæр. — О, дзыхарæхст та сымахæн уæ туджы нæй, цы?.. Уаих знаг фæуа, зæронд царды дæр дæ бар куы уыдис, уæд иу мæгуыр памечнык уæддæр цæуылнæ сдæ?— дзуапп раттынмæ нæ бафæстиат ис Сасир. Хуымæтæджы мæсты йæм ссис Цæджындз! Кæд æм. Сасир комкоммæ нæ кастис, уæддæр æм уый йæ хъоп- пæг цæстыты æнгас фæзылдта. — Акса-ма уый ныхæстæм, дæ хорзæхæй!.. Паддзах дын куыннæ сдæн, иуныхасæй, мæ буарæй мæ дарæсы æхсæн æнæ цæрæг никуы уыдис, афтæмæй!.. Фыдæй куынæ баззайой бынтæ, уæд зын у хъæздыг кæнын. Стæй ме ’рагъыл чи бадтис, уыдон мæ хъæздыг кæнын уагътой?.. Уæдæ! Хуыссæг дæр сæ куынæ ахста!.. — Гъе, уый ивгъуыд заманы фæуæд, фæлæ ног дуг куы ралæууыдис, уæд та? Чи ма дæ хъыгдардта? Цæуылнæ сдæ суанг министр? Цæджындз æрæгмæ куы Лты дзырдта, уæд ма Сасир йæ ныхасыл афтыдта: — Гъе, уæдæ æппæлын нæ хъæуы, нæ! Дæ фырт дæр суанг йæ чысылæй нырмæ. дзургæ рацыдис/æз, дам, инженер уыдзынæн, зæгъгæ, йæхæдæг уæртæ ныр слесырæй хафьь — Æмæ слесыры куыст æгад у? И? Куыд, зæгъыс? — Нæу, фæлæ йын фадæттæ, гæнæнтæ уыдис æмæ йæ уыдонмæ гæсгæ ацæуын хъуыдис царды фæнда- гыл. Йæ бындар æрбауинаг, уæртæ ма йæд дæр... Ты- хаты Уасджены фырт дæр сахуыр кодта!.. Æмæ йæм ныр кæсыс — нæ фыртæн йæ хицау у. Уасджены фырт!.. Йæ фыдæн йе ’рчъитæ нырма цары нæма бахус сты, афтæмæй мын, мæ хур, хуымæтæджы хæст скод- та йæ дымæгыл?.. Æз, дам, хицау кæй дæн, уый уæ рох ма уæд, лæппу йæ афтæ фæзмы... Уæд кæмæй хъал у? Йæ къуыппсин мадæй? — Нæ, Уасджены дæргъуынцъæй, æвæццæгæн... 68
Уадз ма йæ, уадз, лæппутæ йын фендзысты йæ гæпп!.. Ахæм уасаг гæдытæ бирæ фендис, фæлæ сæ.мыст ни- куы ничи æрцахста... Ауай цу, дæ,фырты.райхъал кæн, йæ куыстмæ та йын æрæджы кæны. "... Цæмæй зыдта-Цæджындз, йæ фырт Джакъо мæйы размæ йæ куыстæй ист кæй æрцыдис, уый. Æвзагаты кæрты цы æнгуз бæлас ис, уый скъуыд- тæ зæнгЫл рауай-бауай кæнгæйæ, мæлдзыджытæн сæ иутæ суанг сыфтæртæм схылдысты. Сæ рудзынджы сæрмæ зæрватыкк йæ чысыл бырынкъа&й хосы хæлт- тæ æмæ цъыфæй сæвæрдта дыууæ тæлмы. Кæрчытæй айк чи куыд æфтыдта, афтæ, тсъуыдатгæнгæ, тахтис кæркдонæй. Сыхæгты сабитæй чидæр дурæхсæнæй зыввытт кодта, æмæ Æвзагаты сарайы агуыридуртæй цалдæр къæрццы фæцыдис. Уæддæр ма Цæджындзы фырт Джакъо дуысгæ кодта. Знон кæмдæр- хъазты уыдис. Уым, æвæццæгæн, йæ уарзоны цæстмæ фæн- дыры цагъдмæ зарыдис, æмæ-иу дзы ныр дæр ма уæ- лæмæ сыхъуыстис далысы хъæлæсы хаттмæ гаесгæ зæл: «м-гъа-а...» Сасир уый куы айхъуыста, уæд дын хинымæр афтæ: «Ма йын бантысæд Уасджены фыр- тæн, фыны дæр æй цух нæ уадзы! Æниу ын чи цы зо- ны: хъуамæ тархъæдмæ бафтыдис, ныдздзæгъæл æмæ искæмæ хъæр кæны?.. МæгуырæгЬ — Джак’ъо, мæ къона, — арæхсгай уигъы мад йæ фырты, — бон дзæвгар у ныр, æмæ дын ма байрæджы уæд дæ куыстмæ... — Ма тæрс, ма, —фæгæпп ласта Джакъо. Цæсты- тæ фегом кодта,,хæлиу комæй базмæ, цы комы дон уадис, уый асæрфта æмæ иннæрдæм азылдис, цыма йæ иннæ фарсæй фæзæрдæхудтæй тарстис. Æмæ цæй зæрдæхудаытæ, цæ? Суанг йæ сывæллоны бонтæй хуыссæгуарзаг рахаста. Нымайын байдай, уæд сын кæрон нæй, уый тыххæй йæм скъолайы цал æфхæрды æрхаудис, уыдонæн. Æмæ афтид йæхиуыл куы лыг кодтаид хъуыддаг, фæлæ та-иу кæс æмæ Цæджындзг мæ фæсидтысты ахуыргæнджытæ. Къахихсыд бацис фыд. Æппынфæстаг цыдæр цъæррæмыгъдтытæй æхсæ- зæм къласмæ ивд æрцыд æмæ ма мæй фæцис, дыууæ, стæй ныууагъта йæ ахуыр, Мадæмæ йын фыд — дзур* гæ, уый нæ.—«Ма кæ, искуы бон дæм фæсмон æрцæу- 69
дзæнис, Джакъо, фадат дын ис æмæ ахуыр кæн», — дзырдтои йын. Фæлæ сæм уæддæр нæ байхъуыста. Фыд-зыкъуырæй хуымæтæджы нæу. Бакастæй дæр куыддæр у, æмæ дзы хъæуы чызджытæ фæсаууонмæ арæх фæзæгъынц: «Уæртæ цы ис, — емынæйы цæф». Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, тынгдæр йæ фындзы конд- мæ гæсгæ, — чысыл æмæ хæрдмæ схъæл, раст ын цы- ма йе ’мбис куыройы фыдыл фæдардис. Цæсгом — хæнкъуытæ, æрфгуытæ æмæ йæ цæстыхаутæн сæ хуыз ахæм фæлурс у, æмæ йæм бынтон хæстæгæй комком- мæ нæ ныккастæ, уæд æппын бæрæг нæ фæдарынц. Скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæдТыхаты Уасджены лæппу Алыбегимæ лымæнтæ уыдысты. Ныр дæр æм Алыбег æндæр зæрдæ бæргæ нæ дары, фæлæ уый, Джакъо, тигътæ кæнын райдыдта, уæлдайдæр та йæ куыстæй куы ацух кодтой, уæдæй фæстæмæ. Æмæ чысыл фæдзырдта Алыбег лæгъстæгæнæгау: — Арæппын, Джакъо, иумæ рæзтыстæм, лымæнтæ дæр уыдыстæм, нæ иуы цин иннæмæн дæр æхсызгон уыдис, фæлæ ныр цы кæныс, уымæн æппын ницы ирта- сын. Куыстмæ афойнадыл нæ цæуыс. Де ’мкусджытæм æвзæр дзыхæй дзурыс, исты куы бакусыс, уæд ын æнæ брак хос нæй. Уæдæ цалдæр хатты нозтджынæй дæр æрбацыдтæ производствæмæ, — иуахæмы йын хъæбæ- рæй загъта Алыбег. —. Мæлæты зондджынтæ не ’стут! — фæстæмæ дзу- ры Джакъо мæстыхуызæй, схуыстæй. — Зондджынæй, æдылыйæ мæнæн ме хæс цы у, уый кæнын: Стæй кæй кæндзынæн, уый дæр дын зæгъын. — ^Æмæ уæдæ нуазыньрбар нæй, зæгьгæ, ахæм за- къон кæм фыст ис?1 —■ Уыцы закъон нæй, Джакъо, фæлæ дæ куыстмæ нозтджынæй рацу æмæ машинæйы кабинæйы хæрдмæ къахæй ныхъхъил у, ахæм даер дзы нæй закъæтты хыгъды. Стæй не ’мбарын: дæ митæ афтæ сты, цыма мæнæн фыдæнæнтæ кæныс. Æвæццæгæн дын хъыг у, æз гаражы хицау кæй дæн, уый. Æмæ, мæ хæдзар, лæгдыхæй куынæ райстон ацы куыст. Техникум каст куы фæлæн, уæд мæ сфидар кодтой ацы бынатмæ. Рай- 70
сом ды мæ бæсты куы уай, уæд ма мын æхсызгон дæр уыдзæнис... — Техникумтæ бæргæ фæвæййут, фæлæ æмбаргæ та цы кæнут? Уæртæ нæ дизел автомобилтæ нырма ног æмæ æнæ къуылымпыйæ кусынц, æндæр; хуыца- уыстæн, исты кодтой, уæд ды дæр æмæ нæ механиктæ дæр сæ алыварс разил-базил кæниккат, чердыгæй сæм æвналгæ у, зæгьгæ, ’ Алыбегæн æхсызгон нæ уыдысты уыцы ныхæстæ, Иæ хуыз аивгæйæ, бæрзæйы хид фындзы кæлмæрзæ- нæй æрсæрфта æмæ зæгъы: — Гъемæ разил-базилæй куы бафæллайой нæ ме- ханиктæ,. уæд дæумæ æрхатдзысты. Скъолаты ахуыр куы фесты, уæд дæр сын афтæ бафæдзæхстой: дæ цу- ры, дам, уым Æвзагайы-фырт слесырæй кусы, æмæ уымæн лæгъстæ кæнын кæд зонат, уæд уын уый зонд амондзæнис. Джакъо æвæстиатæй йæхи гаражы арфмæ куы айста, уæд ма Алыбег исдуг йæ фæдыл кастис æмæ ахъуыды кодта: «Гъеныр та уый йæ куыстæй цухгонд куы æрцæуа, уæд хъæстытæ кæндзæнис, æнаххосæй мæ систой, зæгъгæ,.. Гъемæ кæнæд!..» — Дзæгъæлы йын ныхæстæ кæныс, Алыбег, нозт* джын та у Джакъо, — гаражы кусджытæй иу чидæр, йæхи хæстæг æрбайсгæйæ, зæгъы хицауæн. — Иæ хæ* дзармæ куы ахъуытты уаид, уæд — хуыздæр, кæннод Хъуыддаг æвзæр рауайдзæн... Гъе, дæлæ транспорты хицау дæр æрбацæуы. Уæллæгъи, уый ма йæ абон аф- тæмæй куы фена, уæд йæ гуырæй райгæ уæд, — фæ- сурдзæн æй. ...Транспорты хицау Алыбегимæ ахсджиагдæр фар^ стытыл нæма райдыдта ныхас кæнын, афтæ Джакъо- мæ æнæнхъæлæджы фæсидын кодта кусджытæй кæйдæр. — Марадз-ма, Джакъомæ фаедзур. Джакъо æрбацыдис. Бон уыдис тæвд, æмæ йыл йæ нрзт тынг æртæвстис: худ зулырдæм конд — сæрыл, цйвстытæ — æрдæгцъынд, цæсгом — тарсырх. Æвасгæй нæ фæиртæста транспорты хицау æмгр йæм цæугæ-цæуын дзурш: — Джакъо, уæртæ ма мын мæ маипшæйы æидш- п
дзынад фæрæвдздæр кæн, науæд тынг æвзæр хыррытт ласы къаробкæ. — Æндæдзынад, дæ бæрзонддзинад, фæуæд мæ бардзинад,— иуварс фæцудгæйæ зæгъы Джакъо. Ныр ма цы бамбарын хъуыдис транспорты хица- уæн, Джакъо нозтæй кæй фæразуæз ис, уый, æмæ зæгъы, йе ’рфгуытæ фелхынцъ кæнгæйæ: — Фæлæуу-ма, цы хуызæн дæ, уый? Джакъо дын куы ныххудид: — Цæй, кæд дæ нæ фæнды... — бæгæныйы кърусгæ æмæ иу сæдæ чысыл гаггимæ... мæ ласæггаг нынхъæвз- тон... Æмæ йед та?.. Кæд нуазæм?' — Цæугæ æвæстиатæй дæ хæдзармæ, æмæ дæ нозт куы ’рцæуа, уæд иу приказ кæсынмæ æрбауай. Ам къа- бак нæу, фæлæ производство. ’ ■ • Дыккаг бон Джакъо приказимæ базонгæ ис. Иæхи- уыл дын къæм абадын уагъта? Хуымæтæджы загъд сарæзта!.. , — Хуыцауыстæн, раст Мæскуымæ дæр хъаст кæн- дзынæн! Кæсгæ-ма-иу мæм фæкæнут!.. Цæй фæдыл ист æрцыдтæн æз мæ куыстæй?! Æз уын уæ митæ хурмæ ракалдзынæн, ма тæрсут! Æмæ цынæ дзырдта, цынæ! — Æз уын уæ дымджыты уазал доны ауадзын кæн- дзынæн! Транспорты хицау æм æнцад-æнцойæ фæхъуыста^ стæй йын зæгъы: — Дæ хорэæхæй. Хъаст кæнын дæ бон у æмæ хæсс дæ хъаст, кæдæм дæ .фæнды, уырдæм, фæлæ мах дæу хуызæн слесыртæ нæ хъæуы. Бирæ дын фæхатыр крд- там, мæ хуры чысыл, æмæ дæм уæддæр уæлдай зонд не ’рцыдис... Афæндараст у! Джакъо куы рацæйцыдис, уæд матаражы кусджы- тæй кæмæндæр зæгъы: — Уыдон иууылдæр кæй ^зыхæй сты, уый иттæг хорз зонын æмæ, ард мæ хæдзары, æз уый йæ куыстæй куы нæ .сисын кæнон! Уыцы ныхæстæ комкоммæ здæхт уыдысты Алыбе- джы ныхмæ. Чи йæм хъуыста, уыдон æй æмбæрстой æмæ-иу сæхинымæр афтæ: «Абыр ардыгæй, æвзæр!..» П
Гъе, гъеуыцы бон йæ куыстæй ист æрцыдис Джа- къо, æмæ мæйы дæргъы рацу-бацу кæны. Цæджындз æмæ йын Сасир та - куыстмæ æрæджыйæ тæр- сынц. Мады иу бацыдæй куынæ сыстадис, уæд та цасдæр рæстæджы фæстæ Цæджындз батыхстис æмæ Сасир- мæ дзуры: — Мæнæ ныл мард æрцыдис уыцы лæппуимæ! Ацы бон йæхицæй хуыссæджы лалым аразы æви? Еуæ, байрæджы дын, зæгъ, дæ куыстмæ. Цыдæр у, уæддæр та дысон кæмдæр хорз фæривæд кодта!.. — Цæй, кæд ын, миййаг, уарзон ис, уæд та? — Уарзон? Æмæ мæнæн дæр уый цахъхъæнæй уар- зæттæ уыдис? И? Ралæхурдта мын!.. 1 — Куыннæ дын уыдис? Уæдæ æз чи дæн? — мæ- стæй марынæн сдзырдта Сасир æмæ фæцæйцыдис. Цæ- джындз ма йæ фæстæ бафæрæзта æрмæстдæр зæгъын: «Кæс-ма уый фадыварцмæ». Æвæццæг-æн, уый тых- хæй, æмæ Сасирæн йæ уæфсбын сæрдыгон дзабыртæ чъилтæджытæ -конд уыдысты. Джакъойы рауигъ-бауигъ кæнын нал бахъуыдис. Цалынмæ Сасир йæ дзабыртæй чепп-чепп кодта, уæд- мæ уый рахъил ис æмæ ма, сынтæгыл бадгæйæ, ивæзта йе ’уæнгтæ, йæ ком. — Æнхъæлдæн æмæ дæ куыстыл сыстырзæрдæ дæ, лæппу? — тæрсæгау æм дзуры мад. Джакъо ницы сдзурынмæ хъавыди æппындæр. Стæй куы фæиртæста, Сасир ын йæ дзуаппмæ æнувы- дæй æнхъæлмæ кæсы, уый, уæд цыдæр тæргайхуыз ацарæзта æмæ фæрсы: — Цавæр куыстмæ? Джихæй аззадис Сасир. — Уый та дын куыд фарст у? Слесыр та нал дæ? Мæрдтыстæн, цыдæр та кæныс... Зын у? Æмæ дын нæ дзырдтон, ахуыр кæн, зæгъгæ? Кавй ныхас æрцы- дис ныр? — О, цæй!.. Ацу æмæ нурытæ-йедтЖ рув, æндæр дæ чи доклад кæнын кæны!—схуыстæй зæгъы йæ мадæн æмæ уый фæстæ/ уыцы æнæсдзургæйæ, рафардæг ис сæ хæдзарæй. «Æмæ йæм сдзырд куы уа’ид, уæд та цы хъæуы!.. 73
Гъеныр та фæтæргай, æххормагæй фæцæуы æмæ æм- бисæхсæвмæ тæнхаудæй кæм вæййы — цу æмæ йæ базон», — хинымæр дзуры Сасир. Чи йæ æмбæрсгаид, уый та йын æргом загътаид: «Худæджы худæгæй. куыд марыс, Сасир»... Æмæ нæ райгуырдаид Сасирмæ ахæм хъуыды, чысыл фæстæдæр Райпсйы хæрæндонмæ куы бакастаид, уæд... Джакъо æртæ æмбалимæ бады хæрæндоны, къуым- тæ-къуымтæй иуы æмбæрзæн æнгом æрæхгæдтой, аф- тæмæй. Стъолыл—нозт, хæрд. Иæфарсмæ дыууæйæба- дынц, æмæ сæ иуæн худгæйæ æрттивынц йæ дæндæгтæ, иннæ сусæгæй кæсы æмбæрзæны зыхъхъырæй. Æртык- каг цыппæрæймаджы бæрзæйыл галиу къухæй, хъæ- бысгæнæгау, æртыхстис æмæ йын йæ хъуыры уадзы арахъхъы нуазæн. Чи анызта, уый нæма скомдзаг кодта, афтæмæй дзуры: «Мæ армы дæр, Джакъо, мæ армы, æз дзы мæ даст сæры царм дæр фæхъæстæ кæнон». — Уый дын мæ быгъдуан, Сырдæрцыд!.. — Гъæйтæ, хъусут-ма: Тыхайы-фырт дæр ам ис,— йæ цæстытæ фæирдгæнгæйæ дзуры Тохси. Æри-ма йæ ардæм, Тохси, — æваст дын фæрæвдз ис Сырдæрцыд. Уæд уымæ нал фæлæууыдис Джакъо æмæ æрдæг хъæлæсæй дзуры: — Стæ-ма, стæ... Куыдæй йæ кæнæм?.. Кæрæдзийы ныхас бамбарæм -æндæр сонт-монтæй Уабджены фыр- тæн ныцъцъырхын кæн, уымæй махæн нæ дзыппытæ йедтæмæ уый уидаг нæ базмæлдзæнис... Уæд та йæм фæдзур, Тохси. Фезмæл, дæумæ хуыздæр байхъус- дзæн. Ардæм æрбацæуæд, нуазгæ дæр ма бакæнæд, иу- чысыл афæстиат уæд, стæй уый фæстæ кæм æмбæлы, уым уыдзæнис гæххæтт... Уыди, нæ уыди — нæ ныууагьта Тохси Алыбе- джы, — æрбахуыдта йæ, фæлæ уый не ’сразы ис нæ æрбадыныл, нæ баназыныл; — Нæ, нæ мæ ’вдæлы, стæй куы зонут — нуазгæ нæ кæнын. Бузныг, — зæгъы Алыбег; — Нæ нуазæн у, Алыбег, уыцы иу дын ницы кæндзæнис, — аразгæ хъæлæсы хаттæй хаты Сырд- æрцыд. 74
V — Афтæ ма ’нхъæл у, æмæ дæм махæй мæсты исчи у» Нæ, хуыцауыстæн, нæ. - Иу иннæйы дзыхæй ныхасисæн фæкодтой фынджы хицæуттæ, архайдтой чи хуыздæр зæгьыныл, йæ цæнг- тыл-дæр ма йын æрхæцыдысты, фæлæ уæддæр, æппын- фæстаг, Алыбег йæхи айста се ’хсæнæй. Тамакоты пачкæ йæ Хъуыдис, æмæ уыимæ йæ хъуыддаджы фæ- дыл æвæстиатæй- афардæг. Куы фæаууон ис, уæд Джакъо йæ къух ауыгъта æмæ зæгъы: — Ауадз æй. Уымæн баназын кæныны бæсты, фæл- тау фынгыл баззайæд... Схицау мын ис Уасджены фырт! Гаражы хицау! Æгæр-мæгуыр машинæ скъæ- рын дæр нæ зоны, афтæмæй!.. — Тæрсгæ ма кæн, — бирæ дзы нæ бакусдзæнис,— йæхимæ айста ныхас Сырдæрцыд. — Иæ фыды æфсы- мæры сиахс кæм уыдис, уый зонут? Уæллæй, уæлла- гæн йæхиардыстæн, раст уацары! Æниу йæхæдæг та? Уæлæ дуканигæсимæ сцъапп ис, ныр чызг кæдæмдæр фæлыгъдис: куы ’рнымадтой, уæд, дам, ссæдз мины хæсджын у. Уыцы æхцатæ иунæгæй хордта чызг? Уас-. джены фырт дæр йемæ уыдис! — Æз ыл фыддæртæ зонын уæдæ, — зæгъы Тох- си. — Сæ хæдзары цур дæ спъирты завод нæ хъæуы. Æппынæдзухæйдæр арахъхъ скъæрынц! Æмæ ма-иу искаейы куы бахбниккой, уæд сын бæсты цæуид, фæлæ сын афтæмæй чи радта арахъхъ уадзыны бар? Иухатт та, сæ сара ныммарзтой æмæ куы фæизæр ис, уæд бырæттæ колхозы дыргъдонмæ бакалдтой. Уæдæ йæ фыд колхозы кæрты æхсæвгæсæй кусы æмæ йæ куыст- мæ цæуы, заегъгæ, уæд сæ дыууæ фысы йæ фæдыл ба- сайы æмæ сын уым адæмы фæллойæ алы холлаг дары. Тохъхъылтæ цæмæй сысты, уæдæ?.. Хицауы хуызæн хи- цауæн ахæм митимæ гаражы хъуамæ бынат ма уа æмæ, уæ загъдау, æрфыссын хъæуы, кæдæм æмбæлы, уырдæм. Гъеныр цы у Тыхайы-фырт? Ацы фынджы ардыстæн, дæлæнæм дыууадæс гогызы ис, æмæ йæ æз уыдон хизынмæ гæсæй нæ арвитйн: - Джакъо æмæ Сырдæрцыд худæгæй.бакъæцæл сты Тохсийы ныхæстыл. Æрмæст Миха ницы æндæрхуызон фæкодта йæхи: ныхæстæ йæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты. Исты сæм сдзурон, зæгъгæ, фæкодта йæхинымæр, фа^-
лæ йæ дзыхыл ныххæцыдис ахæм хъуыдыимæ: «Æтт- мардзæтæ, барæй цъыфкалæн кæнут, цæгъдут дзæн- гæда!» Уæддæр æй цæмæй иннæтæ ма бамбарой, уый тых* хæй сабыргай нозта ситро. Иу рæстæг куы уыдис, уæд нал фæурæдта йæхи Джакъойы митæм æмæ йæм дзуры: — Гъеныр дæ цуры æртхутæгдон куы ис, Джакъо, уæд дæ тамакойы дымæнтæ пъолмæ кæдæм æппарыс? Мах фæстæ чи бада ам, уыдон нæ цы схондзысты? — Уæйгуытæ! Æндæр нæ хъуамæ цы схоной? Дæ бонæй уай, Миха, цæуылты дæм хъуыды кæнын цæуы! Ам мæрзгæ чи кæны, уый ма дзæгъæлы исы æхца? Ныммæрздзæн сæ. Уый ницы у, фæлæ ам ныхас Алы- беджы тыххæй цæуы. Афтæ нæу? Миха хинымæр тынг рамæсты ис. Хиуыл хæцат кæй у, уымæ гæсгæ та ницы загъта. Стæй дзурын дæр, адæмы хъæр чи æмбара æмæ иучысыл уæддæр æгъдау кæмæ уа, ахæмæн æмбæлы, æндæр Джакъойæн дзу- рын уираг дур хъазы сисæй куы сæттай, уымæй уæл- дай нæу. Гъе, æрмæстдæр сдзырдта: — Æнхъæлдæн. — Гъе, æмæ дæуæй цæмæй лæгдæр у Уасджены фырт? — цас ын æнтыстис, уыйас бæгуыдæр кæнгæйæ, æвгтæ æмæ тæбæгъты сæрты æхсы йæ ныхæстæ Джа- къо. — И? Иæ сæрыхъуынтæ даргъ æмæ йæ бæрзæй нæ кæркдоны дуарæй фæтæндæр кæй у, уымæй? Æви йæ мад къуыпсин кæй у, уымæй? Уæдæмæ уымæн уым йæ бынат нæу, æмæ, гъе, афтæ зæгъын хъæуы. Цæй фæдыл ист æрцыдыстæм мах нæ куыстæй Сырдæрцыд æмæ Тохсиимæ?! Кæй дзыхæй? Уасджены фырты дзыхæй! Æмæ уый бирæ рæстæджы дæргъы хицауи- уæг кæнынмæ хъавы, фæлæ скъуырдзæнис йæ къах.ч Цы анызтон æмæ.цы ахордтон, уыдон мын хæрам фæ- уæнт, ахæм калд фæкæндзæнис, æмæ раст йæ мучъы- ритæ цъыфы асæдздзысты! Дзæбæх ыл æрфыстам мах Сырдæрцыдимæ... И? Сырдæрцыд таст цонджы рæмбыныкъæдз иннæ къухы армы тъæпæнæй сцавта йе ’взагæй къæрццимæ, ома: пробкæйы схъиуд фæкæндзæнис йæ куыстæй Алыбег. . 76
Уыцы митæм æнæ исты зæгъгæ нал бабыхстис Миха. Аразгæ цæстыты хуызæн фæхъоппæг сты йæ цæстытæ, дæндæгты æлхъывдæй бæлвырд сæхи фев- дыстой иæ къæмисæны нуæрттæ. Сæ иуæй иннæмæ райс-байс кодта йæ цæстæнгас, стæй йæ Джакъойыл фæурæдта. — Ныр фыдцъылыс усы ныхæстæ цы кæнут? — райдыдта Миха, — «Фесхъиудзæнис йæ бынатæй Алы- бег!..» Æмæ цæмæн хъуамæ фесхъиуа? Æгæр дзæбæх кусы? Æви сымах æппынæдзухæй фæллойадон æгъ- дау кæй хæлдтат, уымæ гæсгæ куыстæй ист æрцыдыс- тут æмæ уый тыххæй? — А-а, ды дæр уый æмбал дæ? Иу уадындзæй уа- сут? — зæгъы Джакър лæбурæджы хъæлæсы хаттæй. — Уадындзы хицау, Алыбеджы бæсты дæ де ’сфæлдисæгыл фыссын хъæуы, — де ’уæхсчытыл дын сæры бæсты къуыдыр чи ныссагъта, ууыл. Афтæ куы нæ уыдаид, уæд дзæгъæл дзæнгæдайы бæсты æнæсайд фæллойгæнгæ размæ цы адæймаг цæуы, уымæн ма ноджы æххуыс кæнис ды дæр æмæ иннæ дæр... Фæлæ уадз æмæ фæцуда, зæгъгæ, уый тыххæй къах фæда- рыны æгъдау дæу хуызæттæн сæ уæнджы ис. — Ныхъхъус у, цæй, къуылых чемпа, стæй мын, бæгуы лæгау, зонд „амон!.. Гъæй кæн, кæд дæ гуцъа байдзаг ис, уæд!;.— былысчъилæй дын куы сдзурид Сырдæрцыд. Тынг æрбамæсты Миха’. Ауг Севастополы бынмæ хæсты арты йæ къах кæй ахаудис, уый йын ныр йæ цæстмæ дарын хъæуы? Æгады ми кодта æмæ уымæн ис йæ риуыл хæрзиуджыты рæнхъ? Гъай-гъайдæр, нæ! Æмæ уымæн рафыхтис мæстæй гаражы диспетчер Ми- ха. Ахæм загъд сæм рауадис, æмæ ма Д^ихайы йæ лæ- дзæг сисынмæ чысыл бахъуыдис. Уалынмæ хæрæндоны хицау фæзыидис. Джакъо, Сырдæрцыд æмæ Тохсийæн алывыдтæ ныккалдта, аф- тæмæй сæ рарвыста хæрæндонæй. ...Сихæрттæй фæивгъуыдта "рæстæг. Æвзагаты Цæ- джындз хъæдуры хъилтæ сагъта, Сасир та сыхæгты усæн йæ лæппуйæ æппæлыдис.
СÆУМÆРАЙСОМ æрццы’пæ æмæ йын гуыппытимæ цы бантысинаг уыд, уый изæрда- лынгтыл бакодта арв, стæй æхсæ. вы ныйирд, æмæ йыл сæумæрай- сом дæр* иу къæмы мур никуы фæзынд. Ам иу, уыдо иннæ, афтæмæй ма цы иугай стъалытæ зындис, уыдон дæр цъæх арвыл сæ артын æвзæгтæ цыбыр рæстæджы дæргьы февдис-февдис акодтой, стæй æнæуынгæ æртхутæджы аныгъуылдысты. Уал сæ баззайа! Хур дын йæ был сдара æмæ йæхи цур ис- кæйы уæлбариуæг кæнын бауадза!.. Сæстытæрагъ къæдзæхты фæсчъылдымæй куы скастис, уæд айнæг ихау цы арвы^быдыр æрттывта, уый, мыртгæты донау, сырх-сырхид афæлдæхт. Æнæбазыр тæхæгой—сæууон рог уæлдæф æмæ хуры цинæй мæргътæ, уæдæ чи кæй басæтта, зæгъгæ, иу иннæмæй диссагдæр, рæсугъддæр хъæлæстæй базарыдысты... Ныр æхсæвæн йæ рад йæхи фæцис æмæ аивылд ивгъуыд рæстæджы уылæн- тæм. — Æгас нæм æрцу, бон! Сабырдзинад, æнтыстдзи- нæдтæ, бирæ хорæрхаст, дыргъы зад нæм æрхон! — æд хырх, æд хæсгард, дыргъдокы хæбæц лæууыд, аф- тæмæй хъæрæй- дзырдта колхозы бæлæстæм зилæг звенойы хицау Бетъыре. Ныллæг, фæтæнсин, тъæпæн- дзæсгом, рогуæнг рахаста суанг йе ’рыгон бонтæй. Кæд йæ сæрыхъуын æмæ йе ’схъæл рихитæ фæурс сты, 78
уæддæр æм, йæхи загьдау, нырма дзæвгар хъару ис... Хæрам дæм чи у, уый дын хоскæрдгæйæ Бетъырейк разæй уис ахæссæд: йе ’счъилты дзыкку-норттæ йын цæвæгæй ахауын кæндзæнис. — Бæбу!—кæрдо бæласмæ схизгæйæ дзуры Бетъы- ре. — Иæд у.., Афтæ бакæн, æмæ знон сæрдыгон фæт- къуыбæласы куыд бафхæрдтай дзæгъæл чъеппытæй, афтæ мауал фæрæди. Хъуыды кæнын хъæуы, цы ми кæнай, ууыл. Къалиу хырхæй, кæнæ хæсгардæй адзæнгæл кæнын æнцон у, фæлæ йæ лыг кæнын хъæуы, æви нæ, стæй йæ алыг цас зиан æрхæсдзæн бæласæн йæхицæн дæр æмæ колхозæн дæр, уый хъуамæ æдзу- хæйдæр зæрдыл лæууа... Иæхи амоны, йæхи, акса: мæ- . нæ ахæм тала уис рацыд бæласы зæнгыл, кæнæ йе ’ставд хихтыл, уæд æй йæ бындзарыл ахауын кæн, — нæ хъæуы, дзæгъæлхор у. Дæрдтыл цы таурæгътæ кæ- нын!.. Цыбыр дзырдæй, мæнæ колхозонтæй фыдбы- лызы хос йедтæмæ чи ницы пайда вæййы, уыдон нæ иумæйаг артелæй куыд аиуварс кæнæм, афтæ... Дард- дæр, акса: хихты бæзджынтæ куы къуырай, уæд кæс, æмæ хæрдмæ чи фæцыд, уымæ бахъав, фæрсырдæм пакаарæзт чи кæны, уыдон та цъæррæмыгъдæй дæр бахиз... " . Бæрæг цыдæр ма сдзуринаг уыдис Бетъыре, цыдæр афæдзæхсын ма йæ фæндыдис йе ’звенойы уæнгтæн, фæлæ, æнæнхъæлæджы, йæ хъустыл къуыззитт æрцыд, æмæ бæласы цонгыл арæхстгай фæстæрдæм разылд. Уæртæ дыргъбыны фале, фарон колхозæн æхсынæн конд кæм уыдис, уым йæ цæстæнгас хуымгæндыл æр- хæцыд. Цы ауыдта, ууыл нæма феууæндыд æмæ хи- нымæр афарста: «Ау, ног та галтæй фæлдахæм зæхх, трактортæ уæвгæйæ?..» — Кæцы дæ, кæ, е-гъе-й?1—фидиуæджы хъæлæсæй фæрсы Бетъыре. Хуымгæнæг йе ’ргом дæр нæ фездæхта. Бæлвырд фехъуыста хъæр, фæлæ барæй йæхи ныкъкъуытты кодта. Æнæрынцойæ галтæм æвзидгæйæ, гутоны фæс- тæ хъæлхаст кодта бырызент цырыхъхъыты тъыст къæхтæ, цыма бæхæй рахизгæйæ, йæ сагæхты æхсæн саргъ баззадис, уыйау. — Уæ-гъæй!!! Дæумæ дзурын æз!.. 79
— Уый дзæгъæлы нæ бакъуырма: иумæйаг кол- хозон зæххыл йæхицæн чи хуым кæны, ахæм у. Дык- каджы Джена нæу, зæгъут, уый?.. Уый дæр давæггаг рæуæд куы фергæвды, уæд афтæ ныхъхъус кæны йæхи... Гъæй, ’давæджы давгæ-давын куынæ ’рцахсай, уæд ын уый фæстæ йæ фæдыл цæхх кæн... Мæ бар ма йæ уадз, æз æй æрфæрсон, — зæгъы Бетъыре æмæ бæласæй тагъдгомау æрхызт. Бæбу дæр, бæласæй æрхилгæйæ, хъулæттæ тамако’ йы чыссæ еиста, уафсхоры йас газеты гæбазы ма- хоркæ батыхта æмæ йыл арт куы бандзæрста, уæд цъæх фæздæг цъиргæ-уадзгæ, Бетъырейы фæдыл фæраст. Бетъыре хуымгæнæджы размæ йæ къухтæ фæй- нæрдæм куы айтыгъта, æруром, зæгъгæ, уæддæр ма гутондар февзыстытæ кодта \ фатхъæд уисæй галтæм. Уæдмæ Бæбу хæстæг-хæстæг æрбацыд æмæ, йæ цæс- тæнгас галтыл даргæйæ, æнæзæгъгæ нæ фæцис: — Змæлæг уæ мауал баззайа, кæннæуæдæ, æмæ дæ фæнык фесафай!.. Æруром!.. Ард дæ хæдзары бацыд, галтæн сæ доны хуыпп цæугæ-цæуын куы- тæдзы, уæд сыл кæдæм дугъ уадзыс?! — Цы хабар у, цы ’рцыдис?! — фæхъæр кодта гутондар. Фæрсмæ фæзылдис, рахиз къух сины сæрмæ быцæу авæрдта æмæ цыдæр сындзытæ æнгас йæ цæстытæй ферттывта. Уый — къæмдзæстыджы бæсты... — И? Хабæрттæ, зæгъыс? Хабæрттæ бирæ, куы- рой дæр сыл разилдзæнис, — райдыдта æлхыскъху- дæг ныхас Бетъырё. — Дæ цуры ма дæ ронбастæй хæрдмæ дыууæ уыдисны абар, кæддæра дæ сæр уым æвæрд нæй уæхсчытыл, — уый уал дын фæрсылæй иу хабар, ды та мах фæрсыс... Йед у, бафæрсын аипп ма уæд: цы маргъы мыггаг дæ? Кæцæй нæм æртахтæ æмæ кæмæй дæ? -»- Стæй кæмæн хуым кæныс? — афтыдта ма йыл Бæбу. — Æмæ мыл цы слест кæнут?! — Дæумæ дзуры звеновод! — рамæсты Бæбу. — Бутатæй дæн, кæд уæ йæ базонын фæнды, уæд! — схъæл ныхасæй дзуапп радта гутондар. 80
— Бутатæй кæй дæ, уый дæ цæстæнгасæй дæр ир- тасæм, — Бетъыре йын афтæ.—Хуымæтæг не ’стут сы- мах! Æмæ уый, кæйдæр загьдау, Бутатæй нæ, фæлæ Гудатæй дæр фест... Колхозæй кæмæй дæ, колхозæй!? Æваст ницы сдзырдта Бутайы-фырт. Ныхас æв- зæгтæ алæгъз кæныны тыххæй кæй нæ бацайдагъ, уый бæлвырд бамбæрста. Æниу ма йæ цы зонын хъуыд. Колхозон нæу, стæй йын бар дæр ничи радта колхо- зрн зæхх йæхи пайдайæн афæлдахын. Ахæм бар дæт- тæн куынæ ис, уæд æй хъуамæ чи райса?.. Гъемæ ныр цы ми кæны, ууыл æргом куы басæтта, уæд дарддæр се ’хсæн цы ныхас уыдзæн, уый дæр йæ хъуыдыты æхоæн фæмидæг. Йæхи фæхъæддых кæныныл ацар- хайдта, хинымæр афтæ сдзургæйæ: «Адонимæ сыкъа- йæ хæцынæй ницы пайда ис... Сæ зæрдæтæ сын алхæ- нон, кæд мæ куыст нæ фæдзæгъæл уаид... Уæууа, ирон нал стæм?.. Зæхх æмæ зæхх». — Цæй,—райдыдта Бутайы-фырт, армытъæпæнæй йæ фæтæн ных иуырдыгæй иннæрдæм тыхсæрфт ра- кæнгæйæ, — цæуыл кæрæдзийы къахæм, исты нæ фы- ды фæллой куынæ уарæм?.. Хъаугъайæ, дам, хъайла хуыздæр! И? Хуыцаустæн! Уæртæ мæм, дыууæ уагъ- ды кæй ракæнынц, уый хуызæн арахъхъ ис, æмæ ма уый фарсмæ абадæм, нæ фæлæ... Адæймаг иу хатт йедтæмæ куынæ цæры... Бетъыреæмæ Бæбу кæрæдзимæ бакастысты. Æвæц- цæгæн, сæ иу иннæйы афтæ фарста: «Гъы, дæ къæх- тыл ма лæууыс? Ма фæцуд, дæ хорзæхæй». Раст сын цыма кауы михæй сæ астæуы хъæдтæн фæйнæ ныуудæста Бутайы-фырт, афтæ сæм фæкаст йæ ныхас. Бетъыре йæ къух иуырдæм фездæхта æмæ йæ армытъæпæн хæрдмæ абадт, стыр æнгуылдз гу- тонырдæм арæзт, афтæмæй. — Армукъа байгом кодта, гъер, — дзуры Бæбумæ, стæй зæхдавæгмæ фездæхт. — Ам асламæй дæр æмæ зынаргъæй дæр кæй алхæнай, ахæм урссæр лæппутæ нæй, Бутайы-фырт!.. Æмæ йæ махыл дзæгъæлы ма хардз кæн дæ нозт, — фæтызмæг кодта ныхасы хъæд Бетъыре. — Бакæсут-ма, уæ хорзæхæй, уый рагон ми- тæм! Махæн хицауад цæргæ-цæрæнбонтæм зæххытæ радта, æнæ иу капекк айсгæйæ, ай та нын сæ нæ цæс- 6 Ужлладжыраг хабæртт* 81
тыты цурæй гæппæлгай хырхы! Цы цæсгомæй давыс иумæйаг колхозон зæххæй? Æнхъæлдæн æмæ рагæй дæр дæ ныхтæ нæ лæууынц? Уæллæгъи, дæуæй бæр- нон дзуапп æрцагурын хъæудзæнис. — Атт, æххæст ма мæ адæмы знаг дæр схон! — сонтхъæр фæкодта Бутайы-фырт. —\Æмæ æниу нæ дæ?! Чидæриддæр нæ иумæйаг фæллойæ давы, уыдон сты адæмы знæгтæ!.. Стæй йæ тунг дзæбæх дæр зыдтай. Еуæ! Цырдгомау ма рауай м^в фæстæ! — уыцы ныхæстимæ Бетъыре тагъдгомау фæраст. Хуымгæнæг фыццаг Бæбумæ фæкаст, стæй та Бетъырейырдæм, фæлæ йæ бынатæй не ’змæлыд. — Цы нынныхæстæ ауæдзы, дæумæ дзуры звено- вод?! — тагъдгомау æмæ знæтæй сдзырдта Бæбу.— Уый дын æхсынæнтæ уæйгæнæг нæу — правленийы уæнг ныхас кæны демæ!.. — Хуыцауæй курæгау уæ курын... Ау, нæ фы- дæлтæ... — Дун-дунейы мидæг иунæг хуыцау ис æмæ йæ ном ’адæймаг хуины. Уæлæ ацу æмæ звеноводæн дæ рæдыдыл æргом басæтт, кæннод дæ хъуыддаг цъар уайы. Дæ худ мæйыл куыд абада, хæрдмæ-иу æй фыр- цинæй афтæ фехс, афтид уайдзæфтыл куы базза- йай, уæд. Бутайы-фырт иуварс æрлæууыд, йæ къухтæ чъыл- дымыл даргæйæ. Уæдмæ Бетъыре стыр пърагонмæ схæццæ, æрлæууыд, разылдис хуымгæнæджырдæм. — Мæнæ уый цы хуины — къанаукъахт нæу? — дзуры йæм. — Къанаукъахт нæу, дæу фæрсын?! — Арæппын, уынын æй, къанаукъахт у, уæдæ цы у! — æппынæрæджиау зæгъы Бутайы-фырт. — Æмæ йыл уæдæ дæ бæрзæй цæуылнæ асаст, йæ сæрты æд гутон зæхх давынмæ куы хызтæ, уæд?! Мæ- нæ ма афтæ æрлæуу мæ цуры... Нæ куыстæй нæ кæй къуылымпы кæныс, уый дæр — æгъгъæд демæ загъ- дæн... Да-алæ Чырыстонхъæу зыны дардæй. Гъер ацы къанаукъахтæй нæ размæ цыдæриддæр тъæпæнтæ ’мæ тæрфытæ ахастой, уыдон иууылдæр сты иумæйаг, кол- хозон зæххытæ, хуымгæнды зæххытæ. Нæ чъылдыммæ цы цъæх фæзтæ ис... уæртæ тагбылтæ, цъыхырыбын- 82
тæ, уыдон та — фосхизæнтæ. Ацы къанау дæр хæфсы- тæн бадæндонæн къахт нæу, фæлæ йæ мах нæхæдæг арæны бæсты сарæзтам ссæдз азы размæ, мæнæ нæ фæйнæ чысыл хæдзарады куы баиу кодтам æмæ ар- телтæ, колхозтæ куы сарæзтам, уæд. Гъер, ды нарæг æфсæнвæндагыл кусын зæгъыс, æмæ кæд дæуæн хъыг уаид уæ «кукусгæ» уын куы раууон кæниккам мæнæ нæ бæлæсты бынмæ, уæд махæн зæххы давд æхсызгон хъуамæ уа?.. Иуныхасæй, фыццаг хатт-дын хатырæй уæд, афтæ чысыл цыдæртæ ахъуыды кодтам Бæбуимæ. Ныр афтæ бакæн, æмæ дæ галты сæрбосыл ныххæц, уæ къæдзилтæ хæрдмæ сисут, афтæмæй æнтъæргæ кæ- нут ардыгæй, нæ цæст дæр уæ куыннæуал ауына, аф- тæ! Науæд ма дæ дыккаг хатт давгæ æрцахстам — де- мæ мах бæсты суды лæгтæ ныхас кæндзысты тæр- хондоны. Бутайы-фырт минут дæр нал бафæстиат ис. Кæуыл- ты фæраст, уымæн йæхæдæг дæр ныцы раиртæста. Галтæ цæуынмæ уæзбын сты, æндæр дугъ дæр ауагъ- таид. Цæугæ-цæуын ма иукъорд касты фæстæмæ фæ- кодта, стæй уайтагъд хъæуырдæм радард.
САФРОН уæй-иутæ цæмæй фæхъæрзынц, уы- мæй судзагдæр сæм никæцы низы хатт фæкæсы. Къост дæр раст уы- донæй у. йæ цуры исчи иæ уд исы, зæгъгæ, уæд дæр æй нæ бауырн- дзæнис, йæхи йедтæмæ ма рынчын- тæ вæййы, уый. Æмæ уæдæ мæнгæй фæзæгъы: «Уы- дæттæ ницы низтæ сты, фæлæ дæм хæрам чи у,уымæн мæ кæнæг иунæг хуыцау, æз цæмæй сæйын, уый бавза- рын кæнæд!.. Кæсыс, цы хуызæн мæ скодта, уымæ»... Æмæ, æцæг, дæ фыдгул уымæ бакæсæд. йæ къæсхуыр цæсгом айчы буры хуызæн сси. Цæстытæ дæр афтæ. Русты фæхуынчъытæм бирæ нал хъæуы, уыйас бахау- дысты мидæмæ. Асæйчæнæуи дæр бæрзонд у, фæлæ ныр мæллæгæй, бынтондæр ныддаргъ. Уæнгтæ ныу- уæззау сты æмæ, цæугæ-цæуын, арæхстгай исы йæ къæхтæ. Иæ дзыхы ныхас нал ’бады, афтæмæй-иу кæд- дæр адæм хъусынтыл фесты йæ зарынмæ. Иуныхасæй йæ низ, фыры сыкъайау, сыздыхта æмæ йæм æрбыр- сынæй æртхъирæн кæны. Фæлæ йын нырма нæ комы. Нæ комы, зæгъгæ, сафронæн йе ’гъдау афтæ у: дæуи- дагыл дæ бахус кæндзæнис, стæй уæд бар-æнæбары фæлдæхдзынæ. Къосты йæ хуиæг æфсин Сафирæтæй стыр ныфс ис. Уый удæгасæй, дам, феуæгъд уыдзынæн мæ низы судзæгтæй. Ныр дæр, дам, уый фæрцы ирвæзын, æн- дæр афонмæ мæ зыв-зыв «тъæпæн хъæуы» ссы- даид. '84
Сафирæтæн йæ мад къамæй дæсны у æмæ айфыц- цаг йæ къамтæ стъолырагъыл куыддæртæ куы авæрд- тытæ кодта, уæд йæ чызгмæ дзуры: — Дæснымæ йын амонынц. — Кæцымæ? — тагъдгомау афарста Сафирæт. — Уый та чердæм фарст у? Дæуæй афтæ, къам- тыл фыст вæййынц сæ мыггæгтæ?.. Чи йын сæ фæ- хуыздæр уыдзæнис, уый не ’сфæлдисæг хуыцау йед- тæвдæ ничи зоны... Чызгæн тæргайхуызæй йæ былтæ фесчъилтæ сты, стæй афтæ бакодта: — Мæгуыры бонтæ, æмæ хуыцаумæ та кæдæм фæцæуон фæрсынмæ? Мад рамæсты. — Ма дзæгъæлы дзур! Йæхæдæг уын амондзæнис, кæцы дæснымæ цæуын хъæуы, уый... Табу йын уæд... — Гъе уæдæ мын зæгъ, дзыцца, кæдæм æй фæ- хонон, уый. Исдуджы фæстæ дзуапп радта Сафирæты мад: — Хъæдгæронмæ. Адæмæн æмбисонд сын хонынц сæ дæсныйы. Куыд дзурынц, афтæмæй мæрдтæй раз- дахы адæмы. Мадæй хуыздæр ма кæуыл баууæндыдаид Сафи- рæт! Уый дæр хуымæтæджы мад куы уаид, фæлæ къамæй фæрсæг. Скъолайы ахуыргæнджытæ иуырды- гæй æрлæууыдысты, зæгъгæ, йæ мад Хæзнинон иннæр- дыгæй, уæддæр æм мады ныхас домбайдæр фæкæсид. Æмбойны уымæн фæхæцыдис Къосты къухыл æмæ йæ уымæн ныддавта Хъæдгæронмæ. Æхгæд хæдзар. Сафирæт сæм иуырдыгæй бахойы, иннæуылты æрбацæуы, мара-зæгъай, кæд æм æддæмæ кæсæг ис. Стæй дын фæскъæвда къозо зæххæй æнæн- хъæлæджы куыд фегуыра, афтæ Сафирæты уæлхъус иу фыдцъылыс сылгоймаг февзæрдис æмæ йæ афарста: — Дохтырмæ цæут? — Зулкъийы дæснымæ бæргæ æрцыдыстæм хъæ- уæй-хъæумæ, фæлæ нæм ракæсæг нæй. — Гъемæ, уый у дохтыр, адæмы ирвæзынгæнæг... Мæнмæ ма афтæ байхъус, мæ къона. Далæ сын доныр- дыгæй цы кау ис, ууылты бахизут æмæ хъæдурты æх- 85
сæнты сындæггай мидæмæ бацæут... Балæгъстæ йын- иу кæнут, науæд йæхи не ’схъæр кæндзæнис... Тæрсгæ кæны. Уымæн æмæ йæм сæрмагонд скъблаты ахуыр чи фæкодта, уыцы дохтыртæ мæсты сты, сæхицæй йын фылдæртæ кæй æнтысы, уый тыххæй. Дæ бындур макуы ныззила, Зулкъи, цæй диссаджы молло дæ, цæ!.. Къост æмæ Сафирæт куы араст сты, уæд ма фыд- цъылыс сылгоймаг сæ фæстæ радзырдта: * — Уæртæ чызг, мысайнаг уæ ма ферох уæд. Мы- сайнагмæ гæсгæ хос кæны, æмæ уæм кус&рттаг нæй, фæлæ æнæуи сарæхсут. Фыццаг сæм моллойæн йæ ус ракастис. Уый сыл бирæ фæсылест кодта, стæй уæд æппынфæстаг молло йæхæдæг рацыдис,—зылындзых æмæ тæнæгфындз ко- са лæг. Ныр сæ дыууæ куыдзы сæ бæттæнтæ рæму- дзынц, фыррæйдæй фадынц сæ хъæлæстæ. Сусæны бон йæхи æрбахъуынтъызтæ кодта æмæ уайтагъддæр хъæуы сæрмæ сыгкъæвда фемæхстис. Бæстæ иууылдæр арвы æрттывд æмæ гыбар-гыбур сси. Молло Къоститæн «мидæмæ» зæгъы. Талынг, зæхбын хæдзары молло райдыдта фæрсын Къосты: — Давынмæ куыд дæ? — Хуыцау бахизæд. — Нозтмæ æмхиц дæ, дæ цæстæнгасмæ гæсгæ... — Тобæ... æрмæстдæр бæрæгбæтты. — Бинонтæ æрхастай? — Нæма. Уыцы дзуапп хуымæтæджы хъыг нæ уыдис Сафи- рæтæн æмæ фесхъиудта. — Æгонгæй, молло, æрхаста, ма йæм хъус... æз дæн йæ... йæ къай... Къост та барæй фæтагъд кодта йæ ныхас: — Кæс-ма амæ: моллойы мын йæ зæрды асайын ис... Нæ сыхæгты чындз дæ æмæ, гъе, афтæ зæгъ, фæл- хæрст. Афæливынмæ уымæй фылдæр æфсон нæ хъуыдис моллойы æмæ Сафирæтмæ иуварс фæсидтис. Къостмæ æваст йæ зæрдæ сдзырдта: «Ацы алыхуы- зон цæстфæлдахджытæй цынæ дзурынц, иу ахæм нæй, 86
æмæ не ’фсинæн мацы бæллæх саразæд, сусæг ны- хæстæ йын дзæгъæлы нæ кæны...» Уыцы рæстæджы молло та афтæтæ дзырдта: — Сайд у, хинтæ йын счындæуыдис... Йæ ныхæс- тæй бæрæг у. Уæ сыхæгтæй йын чидæр цыдæр бадард- та, æмæ уыимæ хинтæ дæр йæ хъуыры ацыдысты... Мысайнаг ын ахæссын хъæуы, хæстæгдæр уæм цы дзуар ис, уый бынмæ, æмæ йæ дзуар ссыгъдæг кæн- дзæнис... Бирæ диссæгтæ йын нæ хъæуы: йæ быны йын урс фыс акусарт кæнут æмæ уымæн йе ’мбисæй фи- зонæг, иннæ та къуыдырфых. Уьгмæй дарддæр æртæ уæливыхы, æртæ донгонды, æртæ æртæдзыхоны, хи- конд бæгæны æмæ ма цы æнтыса, уый... — Гъеныр мæнæн та мæ хардз... — Зулкъи, иу нæл гогыз æмæ уал дын цыхты... — Æхца!—æваст афтæ фæкодта молло. Сафирæты кæронмæ дзурын дæр нал бауагъта. — Æхцайæ, Зулкъи, рæвдзгомау’ не ’стæм. — Гъемæ гъеуый дæр мæ хъуыддаг нæу... Сылгоймаг бакатай кодта, стæй йæ ронæй арф кæцæйдæр дæс туманы сомтæ æмæ æртыгай сомтæй систа. — Адон хицау стæм фæндаггагæй, æндæрæй... — Гъеуый дæр та мæ хъуыддаг нæу, мæ хардз... мæ куыстæн цыæмбæлы, уый... Ныртæккæ, мæхæдзар, йæ сæры хицауы дæр лæвар ничиуал рæвдауы сы- махæй... Сафирæты къухтæй молло уыцы дæс туманы скъæ- фæгау айста, стæй гогыз æмæ цыхтытæ æфснайынмæ сæрдыгон хæдзары фæмидæг. Къост æмæ йе ’фсин афтид карзинкæимæ сæ фаед- сæ фæд куы рараст сты, уæд ма сæм молло рахъæр ласта: — Гуыбыр-гуыбырæй цæут, адæмы цæст уынаг у, æмæ цалынмæ уынгмæ ахизат, уæдмæ уæ фиппайæг куы фæуа, уæд уæ хос фæдзæгъæл уыдзæнис. Бæргæ сæ уынæг нæ фæцис, бæргæ мысайнаг дæр фæхастой дзуары бынмæ, æмæ уым сæхи бæргæ хорз федтой сыхæй цалдæр лæджы, фæлæ Къост йæ низæй цыфыддæр кодта бонæй-бонмæ. Сафирæты мад та иуахæмы йæ къамтæ стъолыл 87
æрцарæзта æмæ сæм бирæ фæкаст, стæй та хъæбæрæй загъта: — Уæ, хуыцау, уæ, зæхх, кæд ма мæ дыууæ цæсты исты иртасынц æмæ ацы къамтæн исты æмбарын, уæд ын комкоммæ молломæ амонынц... Уæдæ дзы дард фæндаг дæр ис, æмæ уый та Цыколайы молломæ у. Фæлас æй, мæ къона, æмæ мауал тухитæ кæна мæ- гуыр лæппу. Сафирæт йе ’уæхсчытыл схæцæгау кодта æмæ зæгъы: — Хорз, уырдæм дæр та йæ фæласдзынæн, фæлæ ма ацы хатт куы фæдзæгъæл уой мæ фыдæбæттæ, уæд дæ къамтæ пецы уыдзысты... Мысайнагæн та цы?.. — Ахæсс ын. Ис дæм æмæ йын ахæсс. Æрмæст нын æй дзæбæх скæнæд, æндæр моллойæн кæй рат- тай, уый сæфт никуы уыдзæнис. Уымæн та йæ дæс- ныйы кой адæм диссагæн дзурынц. Суанг, дам, зæнæг кæмæн нæ фæцæуы, уымæн дæр схос кæны... Хур нæма скастис, уыцы афон Сафирæт йæ рын- чыны Цыколайы бамидæг ласта. Цы хъуыддаджы фæ- дыл стут, зæгъгæ, сæ фæрсæг дæр нæма фæцис, афтæ моллойы усы фæрцы мысайнæгтæ къæбицыл сæмбæл- дысты. Ус уыйадыл йæхи дæр нал равдыста. Молло та, æнахуыр фыдконд æнцъылдзæсгом зæ- ронд лæг, æрдæгталынг уаты сойын цырагъы рухсмæ Къосты хæлафы комы йæхи сконд чиныг тæбын æн- дахæй хуыдта. Уыцы куыст куы фæцис, уæд иу æнæ- хæцæн дурынæй цъæх æхсынцъыты доны хуызæн цы- дæр ссыллыпп кодта æмæ йæ, итувæрæгау, Къосты тæрныхыл бафу ласта. Рынчынæн уы.цы æнæрайы до- нæй йæ цæстытæ куы ссыгъдысты, уæд йæхи нал бау- рæдта æмæ моллойæн йæ тæккæ дыууæ цæсты астæу- мæ туйæ бахъавыдис. Рынчын мæстыгæр кæм нæ у! Хорз æй фехста, — нæ фæивгъуыдта. Къост ма æвзæр- тæ дæр сдзырдта æмæ уатæй йæхи райста, фæлæ уы- цы мысан ахæм æхстытыл ахуыр уыдис, æвæццæгæн, æмæ, æнæ исты сдзургæйæ, рынчыны сæт йæ дысал- гъæй расæрфта. — Мæстыгæр у, — зæгъы Сафирæтæн. — Уымæн ыл фæзындис сафрон дæр. Фæлæ æнцон дзæбæх- гæнæн у. 88
Къостæй тæрсгæйæ, молло Сафирæтмæ хæстæгдæр фæсидтис æмæ йын бынтон ныллæг хъæлæсæй баца- мыдта йæ хос: — Туаг хуырхы цайцымæныл ссæдз сысты ныппар, æрмæст сыстытæн сæ хъомылтæй... Бауадз æй фондз боны, стæй йын æй хуыцауæхсæв баназын кæн... Иу- нæг кадджын хуыцау ме ’вдисæн, бирæты фервæзын кодтон мæлæтæй æмæ дын зæгъын, къуырийы æм- гъуыдмæ дæ мойы нал базондзынæ... Ахæм ’Ьзуаппимæ молло рассыдта йæ дуар Сафи- рæт æмæ Къосты фæстæ. Фæндагыл сыл уазал сæл- фынæгæй машинæйы гом гуыффæмæ къæвда фæуары- дис æмæ ма уый фæстæ, сафронæй уæлдай, рынчыныл фæзындысты æндæр низтæ дæр æмæ йæ æрбырстой. Мæллæг, æдых буар бирæ нал бабыхсыд, æмæ Къост ахицæн ис йæ рухс дунейæ... Сæ моллоты хабæрттæ сын адæм уайтагъддæр базыдтой. — Цæмæн мæ фæрæдийын кодтай, кæлæнгæ- нæг?! — алы бон хъæр кодта Сафирæт йæ мадыл, стæй уæд фыццаг сабатизæр уæлмæрдты кæрæдзи сæры хъуынтæ ныттыдтой.
чындз азы иу хуыцаубон ахæм скодта, æмæ ’ма ныр дæр æмбисондæн ра- дзурынмæ бæззы. Уæвгæ та майы дыккаг æмбис куы ралæууыдис, уæд райгуырдис ахæм сæнт-ирд, æнæдымгæ хурбон, æндæр уымæй- размæ къæвда йæ фæрсудзынæй нал æнцадис, æмæ адæм дзырдтой: «Арвы бын фæхуынкъ ис, æвæццæ- гæн, æндæр цы хабар уа?..» Хуры цæст сарамæ тынгдæр цы ранмæ кастис, уым дæлгоммæ фæлдæхт тæскъыл бæгъæввадæй бадтис Гыза. Лæппутæй кæйдæр къуымбил гобаны фист иу егъау арынджы йæ къæхтæй феууæрста æмæ бастадис. Æнæ уый дæр ын постхæссæджы æрбацыды фæстæ йæ куыст фæуадзгæ уыдис. Йæ зæрдæ тынг æхсайдта пис- момæ. йæхæдæг кæсын куы зонид, уæд бæргæ, фæлæ йын æй куы иу, куы иннæ фæкæсы æмæ йæ ныммæст- джын кæиынц. — Хуыцауы фыдæх мæ уа, ахæм алывыдтæ дын ныккалдзынæн, æмæ нæм сых куыд æрыхъусой!.. Кæд кæсыс, уæд адæмы хуызæн, æнæнтыст фæуай, стæй уæд-иу ныххæц-схæц байдай! Сæрæй кæронмæ писмо кæсгæ федтон, фæлæ дзы ды цыдæртæ куыд аны- хъуырдтытæ кæныс, афтæ никуы. Писмо чи кастис, уый бахудтис æмæ зæгъы: — Уæ, ницы дзы аныхъуырдтытæ кæнын æз, дзыц- ца, нæ йæ æмбарыс — дæлæ дæ фырт усимæ сбырсы, ,æмæ сыхбæстæйæн æууилинæгтæ барæвдз кæн. 90
— Цавæр усимæ? Ахуырст рустимæ? — Нæ зонын, кæд æнæхсад хъустимæ, уæддæр... Фендзынæ йæ, цы гугуггæнаджы мыггагуа, уый. — Æмæ йæм ды дæ цæстытæ бацъынд кæндзы- нæ?.. Кæд у, уæд не ’гасæн дæр — нæ чындз, —зæгъы мад йæ хистæр фырт Санахъойæн, æмæ уыцы рæстæ- джы стъолы рагъмæ цы нæл гæды схызт, уымæн иу хафт фæкодта. Æвæццæгæн, кæй рамæсты ис, уый уы- мæй равдисынмæ хъавыдис. — Еуæ, еуæ! Футтытæ ныууадзын хъæуы, фæлæ ма искæмæты дæр фæдзурын кæн, æмæ расыгъдæджытæ ласут, хицæн уат дæр сын барæвдз хъæуы. Хазби куыд фыссы, афтæмæй сæ абон ардæм хъæуы... Æз уæлæ иу ранмæ суайон, æндæр хаттмæ æргъæвæн нæй хъуыд- дагæн... Чысыл фæстæдæр зындзынæн, — ауынаффæ- тæ, азæрдæвæрæнтæ кодта Санахъо æмæ уайтæккæ дæр цыдæр æрбацис. йæ къæхтæ та йæ рог цырыхъ- хъыты тъыст уыдысты, æмæ йæ чи нæ бамбæрстаид, йæ ахаст чердæм уыдис, уый! Чызгæрвыстмæ. Иу мæй куыстæй уæгъд у æмæ йæ чысыл æфсон йедтæмæ нæ фæхъæуы циндзинады хъуыддагмæ фæрастæн. «Науæд мыл «не был» скæндзысты, — афтæ фæзæгъы. — Хо- нæг? Æмæ дзы цы кæныс?» Ныр дæр та дæллаг сыхæй уæллаг сыхы æрбалæу- уыдис æмæ уым куы къæбицыл йæхи ахафы, куы ра- кафы, куы азары, куы хъазты чызджытæм исты ны- хæстæ баппары... Уæд æм чызджытæй чидæр нуазæн бахаста æмæ та йыл йæ алы хатты ныхæстæй сар- гъуыдта: «Нæ бæлццæттæй ма нæ зæрдæ кæмæ æх- сайы, уыдоны дæр нæ цæстытæй куыд фенæм æмæ сын куывдтæ куыд фæкæнæм, ахæм хорздзинад дæр нæ уæд!..» Цæмæй хæйрæг уыдис, уыцы минут йе ’фсымæр Хазби сæ кулдуарæй бахызтис, уымæн, æндæр, нуа- зæны фæдыл дзургæйæ, куывдты кой не ’скодтаид,— чъындыгомау у. Хазби нæ фæсайдта йæ ныхас: куыддæриддæр фыста, афтæ схæццæ ис æмæ, æцæг — æд ус. Сæ хабар тæхаг цъиуы тахт акодта. æмæ уайтагъд сыхæгтæ æрбамбырд сты, стæй кæрæдзийы фæдыл цæуын байдыдтой хæстæджытæ æмæ зонгæтæ хъæуы 91
алы кæрæттæй. Цинтæ, фæрстытæ, хъæбыстæ!.. Уы- мæй алчидæр архайдта Хазбийы фæрстæ тыхджыи- дæрæй нылхъивыныл. Чызджытæ дæр чындзæн йæ дæлæртты фæмидæг сты, фæлæ йæм кастысты æна- хуыр кастæй: чи куыд ног адæймагмæ, чи æфсæрмæй, чи та, æнæ зынгæйæ, былысчъилтæ систа æмæ хины- мæр дзырдта: «Нæхимæ бирæ чызджытæй йæ — бар, афтæмæй мын схæццæ кодта къуырддзыкку, уымæй дæр — уырыссаг... Фендзыстæм æй, мæнæ йыл чындзы ’фсарм æрынцайа»... Тося, æгъдæуттæ нæма зонгæйæ, джих цæстæнгас райс-байс кодта адæмæн сæ иутæй иннæтæм. Арфæгæнджытæй-иу, æнæ бацамонгæйæ, алчидæр базыдта Тосяйы чызджыты æхсæнмæ: хæрзаив сыл- гоймаг, рæстæмбис — йæ ас, былтæ цыма æппынæдзу- хæй дæр худгæ кæнынц. Зæгъæн дзы ницы ис: бакас- тæй тынг зæрдæмæдзæугæ у, фæлæ йæ æрмæст уый тыххæй нæ бауарзта, уый тыххæй йæ нæ равзæрста Хазби йæхицæн къайæн, уымæй уæлдай ма йæ удир- вæзынгæнæг разындис, дард Сыбыры кусгæйæ, Хазби иу зымæгон æхсæв тыгъд быдырты уæззау уаргъимæ фæцæйскъæрдта автомобил. Хъызт зымæгæн йæ уæ- лæмхасæн дьшгæ æнæсцухæй футт кодта æмæ, фæд- дзæгъдæнæй цæгъдæгау, змæста ногуард мит, æхсит- тæй хъазыдис. Изæрдалынгтæ нæма æрбадтысты, аф- тæ развæндаг нал зындис, — арф митрæгътæ йæм ныммарзта дымгæ. Машинæйæн дæр размæ нал æн- тыстис. Уæддæр ын Хазби лæмарын кодта йæ фæстаг тыхтæ æмæ тырныдта размæ, кæд исты амæлттæй афойнадыл бынатмæ фæхæццæ уаид, зæгъгæ. Фæлæ мæнæ иу æнæрайы схæцæн, уæлбылау. Автомобилæн йæ тылд сындæгдæрæй сындæгдæр кæнщ райдыдта, стæй цæлхытæ мидбынаты æрзылдысты: нал размæ, нал фæстæмæ. Дзæгъæлы ма хъизæмарæй мардта Хазби йæхи дæр æмæ машинæйы дæр, — ныссагъдис. Æппынфæстаг матор афтæ стæвдис, æмæ йæ хус тæф кæлын байдыдта, стæй дзы мидæгæй цыдæр схоста, раст цыма цуайнаджы бын исчи дзæггорæй цавта, уыйау, æмæ ахуыссыд. «Нал, маторæн афтæмæй ку- сын кæнæн нал ис», — ахъуыды кодта Хазби æмæ куыддæр тæргайхуызæй æрцавта машинæздахæн цалх. 92
«Цы чындæуа ныр?» — хинымæры афарста йæхи æмæ йæ алфамбылаймæ акастис. Кæдæм афæлгæсай — кæмдæриддæр тыгъд быдыр, миты уылæитæ, тыхджын дымгæ æмæ æхсæвы тар. Уыцы тар нырма хæрзæрæ- джы æрбадтис зæххыл æмæ тагъд йæхи кæй нæ сис- дзæнис, ууыл хъуыдыйæ тынгдæр батыхстис Хазби. — Цалынмæ уазалы æнæзынгæ цыргъ судзинтæ йæ буары риссыны онг нæма нынныхстысты, уæдмæ, йæ къухтæ йæ кæрцы дысты арф бакæнгæйæ, бадтис æмæ хъуыды кодта: «Цæуин?.. Искæдæм хæццæ кæн- дзынæн, науæд сæфын, — ныссæлдзынæи». Фæлæ йæ нæма хаста йæ къах. Хинымæр нæма састис, нæма ра- зы кодта æвтомобил зыиаргъ уæзæгтимæ ныууа- дзын æмæ йæхи бахъахъхъæныныл. Зымæгон æхсæвы та æппындæр уый мæт нæ уыдис æмæ, æнауæрдонæй йæ куыст кодта. Хазби кабинæйы йæхи нымпылдта æмæ кæдмæ фæрæзта, уæдмæ быхсыдис уазалæн, стæй рахызтис æмæ удирвæзынгæнæнтæ кодта алы змæлд- тытæй. Цас фаг-иу суыдаид уыцы мадзал æмæ та-иу уазалæндзыг, æлхысчъытæгæнгæ, йе ’уæнгты куы ахызт, уæд йæ дæндæгты къæрцц-къæрцц ссыдис. «Нал ис гæнæн,.. Цæуон... Кæд, цæрæг кæм ис, иу ахæм ранмæ хæццæ кæнон, уæд мæ амонд, науæд...»— скарста хинымæр æмæ, миты фæддзæгъдæнты лæгæрд- гæйаё, куырмæджыты фæраст. Миты тъыфылтæ цæс- гомы.л ныхæстысты æмæ-иу атадысты. Цæстыты хау- тыл æмæ æрфгуытыл ихын зæкъæнтæ фæзынд. Тырны æмæ тырны размæ, кæд æй йæ къæхтæ кæдæм хастой, уымæн ницы зыдта, уæддæр. Æвæццæгæн, уый йæ амонд уыдис æмæ йæм мæнæ, æнæнхъæлæджы, ферт- тывта рухсы цъыртт. Рухс! Цæй адджынæй фæныдзæв- дис йæ зæрдæйы тæгтыл!.. Цинæй базмæлыдысты йæ уазал, цъæх былтæ, фæныфсджындæр, йе уонтæ фæрогдæр сты, йæ цæстытыл ауадысты адæймаг, хъарм агъуыст, гуыбынджын цайдан фыцгæ цаимæ æмæ фæлмæн хуыссæнгæрзтæ... Куы-иу фæкалдис, куы фæбырыд, фæлæ йыл уы- донæй фыддæр ми æрцыдис мæйдары. Иу ададжы бы- лæй акъахдзæф кодта æмæ йæ къах æваст зæххыл куынæ анЫдзæвдис, уæд фембæрста, кæй хауы, уый, фæлæ ма цы акодтаид?.. йæ ронбасты онг доны скуы- 93
си ис, — тарæй рухсмæ зынвæндаг мæнгæй нæ фæ- хонынц. Тъæнджытæгæнæг уазалæн цы тухийаг уыдис цæугæ-цæуын Хазбийы хуылыдз æмбисыл ихын хæрв сæвæрын æмæ уайтæккæ дæр йæ куыст бакодта. «Æл- вас, сæлын кæн, уазал; цæв ды дæр, уæнгты хиз, дым- гæ, уæддæр фæхæццæ уыдзынæн!» — хинымæр дзырд- та Хазби. Æмæ мæнæ бæргæ дард нал у хъæу. Хъæу, зæгъгæ, — иукъорд хæдзары. Гъе, уыдонæн сæ кæрой- наджы рудзгуытæй ныкъулы йæ мæллæг цæст фæтæ- ген цырагъ. Хъуысы куиты рæйын дæр... Чысыл ма, фæлæ коммæ нал кæсынц къæхтæ. Цырыхъхъыты хуылфы дон ныддæвдæг ис æмæ йæ къæхтæ йæхицæй нал уыдысты, — райдыдтой дыдæгътæ кæнын, æмæ уалынджы йæ зонгуытæ миты афсæрста. «Ау, ууыл ахицæн ис хъуыддаг? Фæдæн?.. Нæ, нæ, фæхæццæ уы- дзынæн...» æрдæг хъæлæсæй сдзырдта Хазби æмæ рай- дыдта йæ цыппæртыл бырын. Уæрджытæй дæлæмæ йын къæхтæ ис, нæй, уый нал иртæста. Афтæ йæм кас- тис, цыма йæ фæдыл цыдæр æнæпайдайы уæргъ- тæ ласы... Хъизæмар æмæ тухитæн нал æмæ нал уыдис кæ- рон, фæлæ уæддæр йæ ирвæзынгæнæг амонды руаджы рухс кæцæй цыдис, уыцы хæдзармæ куы баввахс ис, уæд æм цалдæр куыдзы сæхи раппæрстой. Уыдон хъуаг ма уыдис: знæт рæйд æмæ йæм лæбурдтытæй ных ныллæууыдысты. Мара-зæгъай, кæд ма йæ фез- мæлын уагътой. Уыдон рæйдмæ адæймаг зынæг куы- нæ уыдис, уæд фæллад, лæмæгъ хъæлæсæй ныхъхъæр кодта Хазби: «Иу фервæзынгæнæг, уазалæй сæфын!» Ничи ракастис. Уæвгæ дæр нæ байхъуыстис, æвæццæ- гæн, йæ хъæр». Иу фех-хуыс-гæнæг!» — ногæй та си- ды Хазби. Куы æрхауы, куы сисы йæ сæр. — Чи дæ?! Цавæр дæ?! — иуафон айхъуыста сыл- гоймаджы дзурын. — Фæндаггон дæн, æмæ мæ уазал сбаста, феххуыс кæн! — æрдæг хъæлæсæй дзуапп радта Хазби. Сылгоймаг нæ уæндыдис хæстæг æрбацæуын, сагъ- дау лæууыдис сæ къæсæрмæ æмæ алы хъуыдытæ код- та. «Цæй, цыфæнды уæд», — æппын æрæджиау скарс- та йæхинымæры æмæ, хъуызæгау, рацыдис. 94
— А-а!.. Шофер! Æз дæ зонын, федтон дæ кæд- дæр!.. — тæригъæдгæнæджы ныхасы уагæй бадис код- та сылгоймаг, Хазбийы цæсгоммæ дзыппы даргæ электрон цырагъы рухс фæцаразгæйæ. — Тагъддæр цом агъуыстмæ!.. Иæ къæхтæ æмæ йын йæ къухтæ митæй хорз куы феууæрста, куы æрсабыр ис йæ къабæзты судзаг рыст, стæй æрæджиау куы скастис хъарм хуыссæнæй Хазби, уæд фыццаг джихтыл фæцис: «Чи сты адон? Кæм дæн?» — Хуысс, хуысс, мацæуыл тыхс, куы сбон уа, уæд ацæудзынæ дæ хъуыддæгты фæдыл, — дзуры йæм сылгоймаг, хæрзаив æрыгон чызг. — Никуы ферох кæндзынæн ацы хорздзинад... Ха- тыр, дæ ном дын... — Тося. — Бузныг, Тося... Мæ ном та — Хазби, — загъта шофыр æмæ йæ армытъæпæнты æхсæн бирæ фæлæгъ- зытæ кодта чызджы къух. — Дæ къухтæ дæ дæлæртты цы бакодтай, Гыза, дæ дæлæртты?! — хъæрæй дзуры хæрзæрвадæлтæй иу лæппулæг. — Хорз ныл æрцыдис, хорз, æмæ мах цин кæнæм, уый иу хъуыддаг у, фæлæ нæ хабар хъæубæс- тæйæн дæр бамбарын кæнын хъæуы. Иу рамгъуыд- бамгъуыд дæр нæ,—чындзæхсæв! Алцыдæр йæ цæфыл конд куы уа, уæд аивдæр у. Уæдæ! Кæм та ис Сана- хъо?! Искæйы бæркадæй куы срæдау вæййы æмæ Владивостокæй уæртæ Турчы арæнмæ иу дзуары ном æнæ æрæмысгæ куынæуал фæуадзы, уæд æй абон куы- дæй кæнынмæ хъавы?! Уыцы ныхæсты хицау кæрты астæу фысты къордмæ фæкомкоммæ ис æмæ та афарста: — Кæцы у уæртæ уыдонæй?.. æмæ, æниу, цы фæр- сын, — сæ нарддæр. Гыза йæ фæдыл рауадис. 95
— Кыс, дæ цуры здыхт сыкъатæ кæмæн ис, уый æмæ уæртæ гобæ фыс нывæндтæ сты: сæ иу, хæстæй нын цы лæппу не ’сыздæхтис, уымæн, иннæ та джиуæр- гуыбамæ. Æртыккаг та... æмæ Санахъо дæр тагъд æрцæудзæнис, Батырбег... — Гъемæ Санахъо дæр ам уыдзæнис! Иууылдæр ам уыдзыстæм! Цин æмæ зиан æфсымæртæ сты, æмæ адæмы бар вæййынц... — Чъылдымырдæм лæугæйæ, дзуапп радта Батырбег æмæ йæ хæдоны дыстæ рæм- бынкъæдзтæм æрбатылдта. Фæсивæд! Дзæгъæл лæуд мачи кæнæд: чи кусарт кæнынмæ фæкæсæд, чи хонæг ауайæд, чи хъазт ацаразæд — чи куыд рæвдздæр, аф- тæ!.. Æмбал кæмæн нæма уыдис, ахæм чындзæхсæв кæнæм абон. Хуыцаустæн! Зæронд æдылы миты азыв- вытт хъæуы царды бырондонмæ! Хурныгуылæны арв æмæ хæхты сæстытæ рагъ кæм баиу вæййынц, уым иу бæласы цъуппæй цырд лæппу, сивазгæйæ, æристаид хуры, уыцы афон уыдис бон. Хъазт — йæ тæккæ тынгыл. Бирæ хуынтæ æрæмбырд, фæлæ ма уæддæр цыдысты. Æртæдзыхæттæ — цæттæ; физонджытæ — конд; лæуджытæ — амынд; иумæйаг æфсин — йæ бынаты; фынгтæ — дыууæ рæгъæй æвæрд. — Салдат! — Батырбег дзуры зæрæдты хистæр- мæ, — мауал фæстиат кæнут... Дæ бынат æрцахс, æмæ иннæтæ дæр æрбадой... Уæртæ уым та кæстæрты ба- дын кæнæм, Хазби æмæ чындз Тося сæ уæле куыдæр- бадой, афтæмæй. — Æмæ... йед у... куыд уæ фæнды, афтæ... Куыд уæ... — къуда дзуапп радта Салдат, фæлæ уæддæр йæ хъуыды бæрæг уыдис: «Астъафырæллæх, æмæ ирон æгъдаумæ гæсгæ æмбæлы афтæтæ?» Æмæ йæм Батырбег дæр уайтагъд фæрæвдз: — Уыдон тыххæй цин кæнæм, уыдон, Салдат, æмæ хъуамæ не ’хсæн бадой... Зонын æй, ам чидæртæ хи- нымæр цыдæртæ дзурдзысты, ома: искуы дæр ма аф- тæ фендис?.. Уый та куыд?.. Гъемæ чи фæнды цыфæн- ды дзурæд, мах нæ чындзæхсæв афтæ кæнæм! Махыл аскъуынæд, чи ныппысултæ ис, уыцы æгъдау! «Мæ уд дæ фæхъхъау!» «Хуыцаустæн, тынг раст æрхъуыды кодта Батырбег!» «Цæй, уæдæ, уæ хор- 96
зæхæй, нæ чындзытæй кæдмæ быдыргътæ араздзыс- тæм?» — алырдыгæй сныхæстæ чындæуыдис. Алчи йæ бынат бацахста. Хазби ма, æфсæрмæй, чысыл аоцанитæ кодта, стæй уæд басаст. Чындзæхсæв йæ цырены бацыд. Хистæр ракуывта, стæй Хазби æмæ Тося иумæ бæгæныйы кувæггаг куы анызтой, уæд ма сын Салдат загъта: — Гъе, афтæ фесæфæнт уæ рьштæ! Фидар æмæ æнæниз ут! Адæмы уарзут æмæ адæмимæ цæрынæй бафсæдут! Цыфæнды хъуыддаджы дæр худинаг уæ сæрмæ ма æрхæссут!.. Иуафон Батырбег куы февдæлондæр ис, уæд æй адæм куыд фехъуыстаиккой, ахæм хъæлæсæй Санахъо- мæ дзуры: — Кæсыс?! Ды дæр дæ къаимæ уæртæ афтæ куы бадтаис, уæд ма абоны бон дæр чындз æнæниз уаид æмæ йæ цæгатмæ нæ фæцыдаид... Æнæхъæн æртæбо- ны йæ уазал агъуысты къуымы фæдардтой, æмæ æвæ- джиау сылгоймаг ныссахъат ис. — Дыргъ бæласæй куы æрхауа, уæд фæстæмæ нал ныхæсы, Батырбег... Цы уыдис, уый уыдис, цы ис — уый хорз, æрмæст рагон æгъдауæн йе ’фсæртæ кæрон- мæ ныссæттын хъæуы, — дзуапп радта Санахъо. Цалдæр боны фæстæ, колхозы правленимæ сцæй- цæугæйæ, Тося Хазбимæ дзуры: — Нæ дын æй загътон, фæлæ мын мæ лымæн чыз- джытæ куыд дзырдтой, уый зоныс? Куы, дам, ссæуат, æмæ, дам, уын чындзæхсæв куы кæной, уæд дæ къуы- мы бабæтдзысты æмраст лæугæйæ, дæ сæрыл дын голладжы хуызæн цыдæр, æркæндзысты, дæ астæу, дæ гуыр дын нылвасдзысты... — Ахæм ныхæстæ... адæймаг алы ныхæстæм куы хъуса, уæд... фæлæ, арæппын, ды нæ хæдзары куы уаис, уæд хуыздæр нæу? Æз кусдзынæн... — Куыд?! Мæнæн хæдзары уæвын мæ бон нæу. Æз хъуамæ кусгæ кæнон. Фендзынæ, цы халсартæ æр- зайын кæндзынæн, уый, — мæсты дæр ма рацис Тося, афтæмæй дзуапп радта. — Ды дæр фендзынæ уæдæ, мæ машинæмæ куыд зилдзынæн æмæ мæ нормæтæ цастæй æххæст кæндзы- нæн, уый, — загъта Хазби. 7 Увллвджыраг хабжрттæ 97
Правленийы уынаффæйæ Хазби æмæ Тося нымад æрцыдысты жолхозонтыл æмæ сын сæ курдиаттæм гæс- гæ радтой куыст. ...Ныр Хазби ивгъуыд бонтæ арæх æрымысы æмæ Тосяйæн фæзæгъы: — Хи цур æппæлын хорз нæу, фæлæ, æвæдза, То- ся... уыцы зымæгон æхсæв мæ никуы ферох уыдзæнис...
ХÆЦАГ ГАЛÆН ЙÆ СЫКЪА СÆТТЫ абат бон Хъантемыр сыхы хъом бынтон æрæджиау сыскъæрдта хизынæй. Ноджы кæддæриддæры хъæлдзæг æмæ хъазаг адæймагныр мæстæй скъуыдис. Мæнгæй нæ фæ- зæгъы йæхæдæг: æгæр хъæлдзæг маст сайы. Æнæрай куы фæуыдаид Дзегыдæйы иу- сион хъуг: цалынмæ, йæхи феппар^феппар кæнгæйæ, къуылых-къуылых цыдис, уæдмæ бонырухс сабыргай æрмынæг, æмæ хъомгæсыл бьштондæр æрталынг. Цыдæр маст бадтис Хъантемыры зæрдæйы. Хины- мæр уыцы бонимæ загъд самадта, хуыдта йæ æнæха- йыр. Гъемæ-иу, йæ мастмæ гæсгæ, стурæн йæ къахы састы тыххæй кæд тæригъæд кодта, уæддæр-иу æй хатгай, мæгуыр, лæдзæгæй æрриуыгъта æмæ-иу сдзырдта: — Уæ, хистæн дæ аргæвстæуа, æнæхайыр фос!.. Хæцаг галæн йæ сыкъа сæтты, уый нæ зоныс? Никуы фехъуыстай ахæм хабар? Цы куыйрын дæ тылдта, цы, цæуыл быцæу кодтай?! Каес-ма йæм, дæ хорзæхæй, йæ фырмæнгардæй ныр дæр чердæмыты кæны, уымæ. Уæрдонвæндагыл цу, бирæгъты амæттаг бауай, стæй цъыцдæй-мындæй дæ саст къах дæ фæдыл лас!.. Хъантемыр уыцы æфхæрæнтæ куыд дзырдта, афтæ, куырмæджыты цæугæйæ, йæ къах цæуылдæр скъуырд- та æмæ, чысыл ма бахъæуа, фæкæла. Фæстæмæ фæ- зылд æмæ мæсты ту акодта. Ницы ныхас дзы сыхъуыст, фæлæ цæугæ-цæуын хинымæр дзырдта: «Уыцы иу дур 99
уыдис фæндагыл æмæ йæ, мæнæй уый, ды дæр хорз басгæрстай... Дæлæмæ æрхау, дæлæмæ, аизæр цы мæй не ’скаст, уый, кæм та дæ ныр, цæй? Кæм та хæтыс? Алыхуызон хинымæр хъуыдытæй нæма фæхицæн Хъантемыр, афтæ Дзегыдæ сæ кулдуарæй рахызт æмæ дыууæ къухæй йæ уæрджытæ æрхоста. Хорзау нал фæ- цис хъомгæс, ноджы тынгдæр схæлбурцъытæ кодтой масты хъуыдытæ йæ сæры. — Судзгæ мæгуыры бонтæ, Хъантемыр, уый цы кодта нæ хъуджыкъах?! — хъæрæй дзырдта Дзегыдæ. — Хыл ракъахта æмæ... йæхи аххос уыд... Цы куи- рын æй тылдта?.. — Куыд йæхи аххос уыд? Æз дæм нæ хъуджы цыппар къахджынæй куы аскъæрдтон, уæд мын æй æртæ къахыгæй кæдæм тæрыс?! И?! Хъомгæс сдзурынмæ хъавыдис, ’ фæлæ та Дзегыдæ фæтагъддæр ис: — Ма мын аргъæуттæ кæн! Дæ сывæллæттæн-иу са^ радзур!.. Урс дадалиты онг куы фæцардтæн, уæд уыдæттæ не ’мбарын?! Дæ разы йын йæ мæгуыр къах дæ золочъийæ бацарæфтыд кадтай æмæ йæ, ныр дæхи- цæн уадз, аскъæр æй, мæнæн та цыппæркъахыг х’йуг æри!.. — Гъы, цы æнцонæй «æри» зæгъыс, цыма булчъы сыфыл цæуы ныхас... Кæцæй дын æрхæссон, Дзегыдæ, мæнæн дæр, миййаг, фермæ куынæ ис?.. Йæхи аххос... — Ма дзур афтæ! Уый дын йæхи аххос!.. Æрхæсс мын, зæгъын, æрхæсс! Къах сæттын куы зоныс! — ахъаззаг загъд самадта Дзегыдæ. Иæхи ’гъдауæй, æви Дзегыдæйы хъæрæй фæтæрс- гæйæ, стур кулдуармæ йæ сæр фæцарæзта æмæ кæрт- мæ бафардæг. Бацыд Дзегыдæ дæр, хъомгæс йæ фæдыл. — Æддæмæ ма ракæс, уæртæ лæг, кæд къуырма нæ бадæ, уæд! Мæнæ нын Хъантемыр нæ хъуджы къах лыстæг пырхæнтæ ныккодта! — кæртæй хъуысы- дис Дзегыдæйы дзурын. Дзегыдæйы мой Сабаз сæ зæхбын хæдзары бæрæг- астæу сыкъадзæфæй бадтис. Нырма хæрзæрæджы æрбацыд сыхæгты хуындæй. Иннæ хæттыты хуызæн та фæстаг цы сидт банызта, уыимæ хинымæр загъд са- юо1
мадта: «Æнæрай дзы скæнæнт, уый куынæ уыдаид, уæд мæ сæры нæ бацыдаид...» Ныр кæртæй йæ хъустыл дзурын куы ’рцыд, уæд, йæ цæстæнгас æрбахизæн дуармæ саразгæйæ, хъæ- рæй зæгъы: — Чи та у?! Нал нуазын, гукк! Йæхи ардыстæн, нал уæ дæн мæ сæрæн! Мæнæ къуындæднуы фæдæн, хуыцаустæн. Иуты хуын хæрынмæ цу, иннæты чындз- æхсæвмæ цу, хисты бад!.. Мæ фыды фыд Дженар- дыхъо, рухсаг уæд, уый ардыстæн, райсоммæ мæм куы фæхатат, уæддæр нæ ацæудзынæн! — арæппын, нал нуазын, мæ бар мæхй нæу? Уалынмæ йæм Дзегыдæ мидæмæ æрбацыд хъом- гæсимæ. — Уый бæсты емынæйы фæллад куы банызтаис, зæронд къозо, уæд дын не ’мбæлд?! — Дзегыдæ йæ къухтæ, дымгæмæ дарæгау, сцагъта, загъд кæны Са- базмæ. — Алы бон дæр дын бедрайы дзаг æхсыр кæ- нæд дæ хъуг, парахатæй урсаг хъуырриц кæн, æмæ йæ ныр куы бацарæфтыд чындæуыд, уæд уый судзаг рыстмæ ма ракæс!.. — Цæй-ма, дæрдтыл каутæ ма би, фæлæ мын æр- гом бамбарын кæн, цы зæгъынмæ хъавыс, уый, — фæирд кодта йæ цæстытæ Сабаз. Сæр бæрзонддæр куы систа, уæд цырагъы рухсмæ ноджы тынгдæр фæ- сырх ис йæ хæнкъуытæ цæсгом, Хъантемырæн «æрбад» зæгъæг нæма фæцис, æмæ дуармæ æввахс къул лæууыд йæ арыд лæдзæджы æн- цой. Хинымæр катайы бацыд, уæдæ хъуыддаджы æцæгдзинад куыд хуыздæр бамбарын кæнон, зæгъгæ. Уæдмæ дын Дзегыдæ Сабазæн дзуры: — Мæнæ нын Хъантемыр нæ хъуджы къах лыстæг пырхæнтæ бакодта,—уый дын йе ’ргом æмæ йæ чъыл- дым. Ныр дæр æм кæсыс: йæ цæст дæр нæ ныкъулы, цыма æппындæр зылынджын нæу!.. Асаста йын æй! Бирæ диссæгтæ йын хъæуы! Хосы хъил лæдзæгæн дзæгъæлы дары! т— Фæлæуу-ма, дæ хорзæхæй, — зæгъы Сабаз. — Æмæ дæ исты дарæм, Хъантемыр, æви нын цæмæн знаггад бакодтай? Цæй фæдыл? — Ныр фæнды дзур, фæнды ма... Фосæвдисæн нæ 101
вæййы æмæ, кæй хъуамæ бавдисон? Фыдбылызæн цæс- гом нæй æмæ мын мæ мæгуыр сæрыл йæхи æруагъ- та... йæхи аххос... — Дæ хос мæнмæ ис!.— фæхъæр кодта Сабаз. — Уæлæ дыл тæрхондонмæ куы æрфыссон, уæд!.. Æмæ, Хетæг, дæу ардыстæн, Хъантемыр афтæ бакодтаид, уый дæр мæ нæ уырны... Æргом: ды уыдтæ, Хъанте- мыр, æви нæ уыдтæ?! — Мæ бинонты сæфтмæ мын æрцу, Сабаз; нæ уыд- тæн, йæхи аххос уыд... Суанг райсомæй райдыдта сы- къайæ хæцын, — дзуапп радта Хъантемыр æмæ уæд, хæстæгдæр æрбалæугæйæ, ныллæг, æртыкъахыг бан- доныл æрбадт.—Хæцаг галæн йæ сыкъа сæтты, зæгъгæ, мæнгæй нæ фæзæгъынц... Абон хур арвы астæумæ куы стылд, уæд хъомы дæлæ, ды сæ хорз зоныс, дыууæ. обауы цур Хърупсы таджы бахизæны ривæд кæнынмæ æрурæдтон... Уадз æмæ, зæгъын, дон дæр бануазой, сатæджы дæр аулæфой. Ноджы мæлæты арыд дæр кодта хур; къæвда та ма расайа, уый мæ нæ уырны... О, æмæ æз куы зæгъын: йæхи аххос уыд. Арæппын, иууылдæр æнцад-æнцойæ ривæд кодтой. Æрмæст дзы иу æнæрайы рæуæдæн... (рæуæд дæр ма цæй рæуæд— ныр æнæхъæн уæныг у), æвæццæгæн, галбындз йе ’ра- гъыл абадт æмæ, йæ къæдзил хæрдмæ сисгæйæ, нарт- хоры хуымтæм йæ ных сарæзта. Ныр зæхгæс бичетты цъуппыл бады æмæ уырдыгæй кæсь^ мæнмæ йæ къу- хæй додой кæны. Раздæхтон фæстæмæ стуры, мæхæ- дæг, дæ цуры доны бахизæны сæрмæ цы егъау хæрис бæлас ис, уый бынмæ мæ газет кæсынмæ бацыдтæн. — Акса уый митæм!.. Кæд знаггадгæнæг нæу, уæд ма искуы хъомгæсы хуызæн хъомгæс газеттæ ^фæкæ- сы?! Цы бæрæг ис, хъуамæ йæм радио дæр ис, — æнæ сдзургæ та нæ фæцис Дзегыдæ. — Бæргæ, мах дæр, хъомгæсты, куы ’вдæлид хæ- дзары уæвынмæ, уæд къудзиты бын нæ кæсиккам га- зеттæ... Æмæ сæ къаддæр кæс, уæд хуыздæр у, хуы- цаустæн. Адæймаг дзы ныммæстджын вæййы. Æмæ куыннæ, дæ хорзæхæй? Ногæй та фаллæгтæ сæ гæрзтæ ифтындзынц... Хæст дзурынæй сæ донгæмттæ хом кæ- нын райдыдтой æмæ, хуыцау бахизæд, фæлæ куы фез- 102
мæлой, уæд се сæфт сæхи аххос уыдзæнис. Хæцаг га- лæн йæ сыкъа сæтты... — Хъуджы кой кæн, уый дын гал! — фестъæлфы- дис Сабаз. — О, — дарддæр дзуры Хъантемыр, — кæсын æмæ дын а уæ хъуг чи у, уый къамбецæй хылкъахæн кæны. Ницы йæ хъыгдардта къамбец, ницы дзы зылынджын уыдис, фæлæ, гъе, йе ’намонддзинад йæ астæуы хъæды фæмидæг, æвæццæгæн. Æмæ къамбецы та нæ зоныс: сабыр фос у, фæлæ дын фыдгулмæ уый фæмæсты уæд! — Уæдæ къамбецы аххос уыд, къамбецы! — сразы Сабаз. Хъомгæс хинымæр бацин кодта «хуыцау, дæуæй разы, мæ рæстдзинад мын бамбæрста хæдзары хицау», зæгъгæ, æмæ ма хъуыддаджы бæлвырддæрæн зæгъы: — О! Æз дын цытæ дзурын... Цыбыр ныхасæй, гъе- ныр ды къамбец куы уаис, уæртæ Дзегыдæ та хъуг, æмæ дæм уый йæхи куы фæбирæгъ кæнид, ды дæхи куынæуал бауромис æмæ йæ сæрæй куы ныццæвис, уымæн йæ къах куы фæсæттид... Аххос та мæныл æрынцад. — Сау емынæ дæ дзурæн хъуыры, æмæ бамыр у, уый дын хъуг! — фæмæсты Дзегыдæ. — Нæ, нæ, не ’фсин, æнаххосæй дæр адæймаджы къуымы кæнæн нæй, нæ хъуг сыкъайæ февзидаг у... Хъантемыр сæр иуырдæм фæгуыбыр кодта, бынмæ æркаст æмæ, йæ лæдзæгæй зæхх хойгæйæ, зæгъы: — Мæнæ зæхх, уæлæ арв, уыдон ардыстæн... — Гъемæ хорз, Гуылыхы-фырт, ничи дæ сомы кæ- нын кæны, — фæкъуылымпы йæ кодта Сабаз æууæн- чы ныхæстæй. — Стæй цæй дымæгмæ хъуамæ, сымахæй хуымæ- тæджы схуыст ныхас дæр куы никуы фехъуыстон, уæд?.. Мæхи сафын, æви цы? — Æз дæр ма уый зæгъын, уый... Марадз ма, не ’фсин, фæйнæ арахъхъы нын фен! — Уæдмæ дæр уал мын йæ лыстæг тъæнгтыл хæ- цæд, цалынмæ æз арахъхъ радавон! Арахъхъ дæр ма йын куы бадарин, хæрзсæфт нæ кæй бакодта, уый тыххæй! — Цæй, æмæ уæдæ ныр сау дарæм нæ хъуджы 103
тыххæй?! — фæхъæр кодта Сабаз. — Уыцы хъуг^чи балхæдта, уый та ноджыдæр самал кæндзæн. Ф’ос рав- зарынмæ мæхи хуызæн куынæ ис. Еуæ, ифтыгъд дæн æмæ мæ размæ ма лæуу! Дзегыдæ стыр æвæндонæй къæбицмæ цырагъимæ бацыд. Сабаз йæ ныхасы бар нæма радта: — Хорз хъуг æвзарыс фæдарынмæ, Хъантемыр, уæд ын, раздæр-раздæр йæ дæндæгтæ басгар. Дæндæг- ты æвæрд бирæ зоны. Стæй йын уæд уый фæстæ бас- гар йе ’гъдтæ... Уæдæ! Агъды къух мидæмæ куы цæуа, уæд æй уымæй зон, æхсырдæддаг кæй уыдзæн. М-м-м, мæ хуры чысыл, æз сæм прферсыл дæн, прферсыл! æц- цæй, не ’фсин? Дзегыдæ ницы сдзырдта. Графин æд арахъхъ, хуырхы цыхты сæстытæ, зноны конд нартхоры кæр- дзын æмæ цæхх стъолыл æрæвæрдта, стæй йæхи иу- варс айста. Сабаз хæрдмæ, ауындзгæ фæтæген цырагъ- мæ скаст. Цырагъы алыварс зилдух кодтой чысыл бур гæлæбутæ. Царыл пæррæстытæй, æггойбадынтæй хъа- зыдысты бындзытæ. Сабаз уырдыгæй йæ цæстæнгас фынгмæ куы æрхаста, уæд æрфгуытæ фæталынг ласта, аевиппайды æрбамæсты æмæ дзуры: — Чи дын загъта, чи, не ’фсин, фынгтæ араз, уый?! Гал марæггаг — хъуг, æви хъуг марæггаг — гал?! Хъантемыр нын нæ хъуджы къах кæй ныссаста, уый тыххæй ма йын арахъхъытæ дарыс? Ам нынцъуха æмæ ма нын нæхи къæхтæ дæр ныссæтта?.. Сургæ йæ кæн ардыгæй! Суды мидæг ын æрæвæрын кæндзынæн æз минас! Хъантемыры цæсгом фырмæстæй ссудзæгау код- ’та. Уалынмæ йæ буарыл цыдæр уазал дæргъæй-дæргъ- мæ аивылд. Нал бафæстиат ис, фæгæпп кодта бан- донæй æмæ, хæбæцц лæугæйæ, зæгъы: — Бузныг, Сабаз! Хорз хъæубæстаг мын дæ! Амонддæттæг мæ дæуæй раздæр ма амæлын кæнæд, æндæр ацы миты фæстæ æз дæ марды фæдыл мæ къах нæ авæрдзынæн. Дæ минас бирæ! Уыйадыл йæ чъылдым фездæхта хъомгæс æмæ æддæдуармæ фæраст. — Мауал рæй дзæгъæлы! Дзурын кæм хъæуа, уым аныхас кæндзыстæм, — йæ фæдыл дзуры Сабаз. 104
Хъомгæс мæсты ссыд æрбакодта дуар, стæй йæ фæстæмæ фегом кодта æмæ къæсæрæй дзуры: — Мæ фыдыстæн, сымах фосæй дæр æмæ адæй- магæй дæр æмхуызон стут! Æппын загъд кæмæ нæ цæуа, уымæй дæр загъд къахут, хæцын æй кæнут! Фæ- лæ дæ рох ма уæд, Сабаз, сабыр зондыл хæст чи у, уый кæддæриддæр хъаруджындæр вæййы. Хæцаг га- лæн йæ сыкъ’а сæтты!.. «Адзур-ма ноджыдæр, кæд дын карздæр рауаид!»— ауади хъомгæсы хъустыл, фæлæ фæстæмæ дæр нал фæкастис.
ÆХСÆНЫ ДУАР æуы мидæг сыхæгтæ алкæмæн дæр вæййы, алыхуызон сыхæгтæ. Гъемæ, махæн нæ бакомкоммæ чи цæры, уыдонæн се ’фсин саулагъз сылгоймаг у, — аджы бынæй цы кæныс; нæ чъылдым- мæ цæрджытæн та — мыдхуыз. Адæм дæр сæ афтæ хонынц æмæ фæзæгъынц: «Мыдхуыз, цымæ, сæхимæ нæй?» «Æмæ Саулагъз нæ цæуы мардмæ?..» Уыцы дыууæ кæрдзынгæнæджы дын, донмæ рацæу- гæйæ, цъайы цур сæмбæлдысты. Саулагъз уæларт хуырх фæуагъта цугуны, мыдхуыз та нартхоры кæр- дзын—цæхæрыл. Хуырх скæлаг у, кæрдзын та судзаг, фæлæ сæ дыууæ дæр рацыдысты «ныртæккæ фæзил- дзынæны» зæрдæйæ, æм’æ, æнæмæнг, фæзылдаиккой, сæ иу иннæуыл куынæ сæмбæлдаид, уæд. О, æмæ, цыбыр дзырдæй, кæм сæмбæлдысты, уым куыд фехалой сæ ахуыр! Ахæм дыууæ сылгоймаджы та кæм ис æмæ, кæрæдзийы фенгæйæ, цæуыл аныхас кæной,' уый кæмæ нæ разына! Нæлгоймæгтæй ницы зæгъæн ис: куы фембæлынц, уæд: «дæ бон хорз!»,. «арфæгод у!» æмæ сæ фæйнæ фæндагыл афардæг вæййынц. Афтæ ничи зæгъдзæнис æмæ æппындæр кæрæдзи- мæ дзурын нæ хъæуы. Куыд нæ хъæуы? Искуыдæр ма нæ. Фæлæ а нæ Саулагъз æмæ Мыдхуыз дыууæ сыха- гæн æгæр æфсæрты ахаст ис, æмæ ныхас уыдон тых- хæй цæуы. 1С6
— Судзгæтæ, уæртæ диссагмæ цæуылнæ кæсыс! — зæгъы Саулагъз. Мыдхуызæн, æнæнхъæлæджы, дисæй бедра йæ къухтæй æрхаудис æмæ цъаймæ аирвæзтис. Уый фæс- тæ йыл дзæвгар фæархайдтой къадзонæгджын хъи- лæй сласынмæ. — Цы у, цы?! Кæдæм мæ кæсын кæныс? — Азаутæ ’мæ Дзæнæтханты астæу æхсæны дуар уыдис, ныр æй бахуыдтой, афтæмæй иу мыггагæи сты... Диссæгтæ! — Æцæгæй ма!~— сразы ис Мыдхуыз. — Хуьщауы фыдæх мæ уа, уый дзæгъæл хуымæтæджы нæу... Фæлæ цы уа?.. Саулагъз цæстæнгасæй йæ алфамбылай асгæрста, стæй Мыдхуызмæ армытъæпæнæй ацамыдта, дæ дзы- хæй сыпп дæр ма суадз, зæгъгæ. Уый дæр сæ ахуыр- мæ гæсгæ, æндæр дыууæйæ дæр ныхас басусæг кæнын- мæ рæвдз никуы уыдысты. «Сусæгæй» дын кæмдæрид- дæр æмæ цыдæриддæр зæгъдзысты. — Цавæр у, æмæ исты зноны сывæллон дæн?! — йæ цæстытæ фæджих кæнгæйæ, зæгъы Мыдхуыз. Уымæй Саулагъз фæныфсджын кодта йæхи æмæ райдыдта дзурын фæсус хъæлæсæй. ’ — Цæвиттон, Азау йæ лæппуйæн ус курыныл схæцыдис. Йæ афон уыдис: ахуыр фæцис, азтæ дæр ыл уæдæ цавуы. Гъеныр мах хистæр гуырдимæ се ’хсæн мæй дæр нæ уыдзæнис, æмæ махон кæдæй кусы трак- торыл... Иуныхасæй, Азау йæ фыртæн хъæбæрæй бам- барын кодта, ацы хатт дыл æнæусæй зымæг нал æр- цæудзæни, зæгъгæ, æмæ срæвдз кодта нозтæй-æн- дæрæй цыдæриддæр хъæуы, уый. Срæвдз кодта, уæдæ цы уыдаид, æмæ дын хуыцау хорз ракæна, хъæуы чызджыты лыстæг сасирæй луарыныл схæцыдысты. Раст цыма уыдоны аккаг дунейыл дæр нал уыдис, уайтагъд сæ ахæм ныхæстæ хъуысын байдыдта... Хуы- цауы фыдæх мæ уа, мæнæн лæппутæ фесты, фæлæ æз мæ чызджы Азауы хæдзармæ нæ раттин. Цы мын у уагæры йæ фырт? Уæртæ шахты кусыныл фæахуыр кодта æмæ мæнæ райдайа, стæй йæ уæд фендзыстæм: иуахæмы йæ дур æркъуырдзæнис, æмæ дын гъе уый йæ лæппу. Мах дзы æфсоны куыдтытæ акæндзыстæм 107
æмæ ууыл ахицæн уыдзæнис хъуыддаг. Иуæй-иуæн йæ карчы цъиу искæйы гогызæй- егъаудæр вæййы йæ цæс- ты... Кысс, уыдæттæ дæр хорз фæуæнт... Кæй кæм хæра, уым ныхдзæнис, кæйдæр загъдау, фæлæ дын Феткатæм куы баминæвар кæниккой... Мыдхуыз, йæ бедра исгæйæ, йæ гуыр цъайы ауагъта æмæ йыл цалынмæ къадзонæгæй хæст кодта, уæдмæ дзурæгмæ уырдыгæй хъуыста, стæй Феткайы коймæ фемраст ис æмæ афарста: — Кæмæ, кæмæ?!.. — Уæртæ Феткатæм. — Гъы, гъы... — Барвыстой сæм æмæ сæхинымæры загътой., куыддæр нæ минæвар сæ къæсæрæй бахиза, афтæ йæ фырцинæй сæ хъæбысмæ фелвасдзысты, алы минасæй йæ цары сæрстмæ скæсын кæндзысты æмæ йæ табуаф- сиимæ рарвитдзысты. Уый фæстæ дын рацæй-рабон æмæ хъуыддаг бынты-быны суйтæ ныццис. Мæнæй йæ дон фæласæд Азауы дæр, фæлæ цæмæй хæйрæг уы- дис, чызгæн уарзон разындзæнис, уымæн. Фæлæ йын йæ сæр рачындæуа, ныр уарзон кæмæн нæй, ахæм чызг нал ис/уьГй куыннæ æмбары!.. Сæхиуыл къæм абадын дæр нæ фæуадзынц, стæй уæд та кæс, æмæ йый куы сдзурынц, уæд ын уарзон разыны. Уый дæр ца- вæр уарзон? Тæртты-цæртты цæуынæй кæимæ бафсæ- дынц, ахæмтæ. Мæнæн дæр уыдис уарзон, æмæ ныл куы аргъуыдтой, уæддæр йæ фарсмæ æрлæууын нæ уæндыдтæн. — Дæдæй, уый æцæг куы уаид! — æлхыскъ худти- мæ йæ фæкъуыхцы кодта Мыдхуыз. — Æндæр искæ- мæн-иу дзур, фæлæ дын, мæ цæст уынгæйæ, хъазты æлхысчъытæ куы кодта... Ныр мын зæдтимæ абарс- та йæхи!.. Саулагъз цыбæлæй банхъæлмæ кастис дзуаппрат-. тынмæ, стæй æваст афтæ фæкодта: — О’мæ уый бонæй... Хъазты... — Ныууадз, дæ хорзæхæй... Мах дæр цы уыдыс- тæм, уый уыдыстæм... Дзур дарддæр... Уæддæр се ’хсæны дуар цæй фæдыл æхгæд æрцыдис, уымæн ни- цыма иртасын. Саулагъзæн йæ зæрдæ цæуылдæр фæхудтис æмæ 108
дарддæр дзуринаг нал уыдис, фæлæ йæ Мыдхуыз нæ ныууагъта æнæ кæронмæ радзургæ. — Цæй, о: зонын æй, нæ мæ ныууадздзынæ, уый... Цыбыр дзырдæй, чызгæн дын йæ уарзон Дзæнæтханы лæппу куы разынид. Дзæнæтхан дын куы фехъусид, Азаутæ Феткатæм кæй баминæвар кодтой, уый. Æх- сæны дуарыл дын уыцы-иу сæррæтт куы ’рласид... Нæ йын зоныс йæ харагътыр»: хæдхалдих у йæ мадимæ... Æвæдза, Азаумæ дæр дзы ис! Кæд йæхи сабыр фæ- дары, уæддæр йе ’мбис зæххы бын вæййы. Фæлæ дын райдыдта Дзæнæтхан: — Мæнæ хуыскъæлгуыбынтæ, цавæр минæвæрттæ æрвитут, цæ, Феткатæм?! — уыцы ныхæстæй фемæхст. Хъæрæй, æгас сыхыл хъуысыдис сæ хъæр. Ды кæм уыдтæ, нæ зонын... — Къулорты... — Уæд æм Азау дæр фæкъæртт: Дæ хуыздæры дын хуыскъæлджыны баныгæдæуæд, кæд сымахæй махмæ нæ хауы уыцы ныхас! — Игæрдзæф дæ лæгты дзуар фæкæнæд, æмæ та дын ноджыдæр мард сывæллон райгуырæд, зæнгой- зæнг хæрæг, кæд дæ æз уымæй нæ фæрсын!.. Цæй фæ- дыл Феткатæм хатут!? Зонгæ йæ куы кæныс, нæ лæп- пуйæн нывонд у, уый, уæд цы цæсгомæй афтæтæ кæ- ныс, кæд адæмæн æлгъыст нæ дæ, уæд?! — Дæ «смасчыччы» мæтæй мæлы, дæ слесæры... — Нæ, уæдæ дæ зылындзаст зæхкъахæджы мæ- тæй!.. Цæрæнбонты чи фæахуыр кодта, æмæ ныр уыры дæр кæм нæ цæры, уырдæм чи ныббырдзæнис, уый! — Хæлæг кæныс, нæ? Гъемæ дæ гæггуыри дæр схауæд! Æз ын дæу фыдæнæн Феткайы чызджы дæр ракурдзынæн. Афтæ ма-иу фæкæс. Кæд бынтон- дæр ныггуыбыр уаис. Уый дын айхъуса Дзæнæтхан! — Уæдмæ дæр уал дæ фырт æмæ уæртæ уæ дам- къаимæ арвмæ фæниут, цалынмæ уыцы чызг дæумæ æрбакува!.. Иуныхасæй, сæ кæрæдзийы сæры хъуынтæ нытто- нынмæ сæ бирæ нал хъуыдис, ахæм æмбисонд фесты нæ сыхæгтæ. Ныр дæр куынæ дзурынц... Никуы сæ æр- хъуыды кодтай? Сæ кæрæдзимæ бахизæныл фæй- 109
нæджытæ бахуыдтой, æмæ йæм уæртæ нæ кæсыс? Сæ хистæртæ та уыцы дуарыл кæрæдзимæ цинтæ кæнын- мæ, куывдтæм цыдысты. Нал, нал... Сæ зæрæдтæ кæ- дæй нал сты, уæдæй сæ лæст нал цæуы. Афтæмæй, дам, фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы... ~ — Гъемæ, мæ мард фен, кæй аххос кæныс уыдæт- тæ? — цымыдисæй афарста Мыдхуыз. — Сæ дыууæйы аххос дæр. Цыфæндыйæ дæр æр- вадæлтæ сты æмæ сын уый хъуамæ хъуыдиаг уа. Судз- гæтæ, афонмæ мæ хуырх пецы хай бацис! — загъта ма Саулагъз, йæхæдæг згъорæгау- акодта йæ бед- ратимæ. — Мæ къонайыл, мæнæ мæныл дæр мæрды рох куыд бахæцыдис: мæнæн та афонмæ мæ кæрдзын сау пиллон бацис! — æрæджиау ма батыхстис Мыдхуыз дæр, æмæ æцæг дугъ та уый ауагъта.
ФÆНДАГЫЛ у хъæуæн йæ тæккæ арфы ис ду- кани. Уымæн йæ бахизæны размæ та — зестсæр къæлидоргонд/ афтæ дыууиссæдзмæ ’ввахс æлхæнæджы къæвдайы рæстæджы йæ дæлбазыр чи бакæна, ахæм. Æмæ дзæбæх бонты дæр æнæ исчи кæм вæййы уым, уæлдайдæр изæрырдæм! Ныр дæр та дзы кæрæдзийы дзыхæйны- хас исынц хъæлдзæг фæсивæд, ацæргæ лæгтæ æмæ æфсинты къорд. Дуканийы хуылфмæ чи бацæуы, уый йæ цæстæнгас æлхæиинæгтыл райс-байс байдайы, æппын æй куы ни- цы хъæуа, уæддæр. Цæмæ дзы бакæсай, уый та дзы, кæйдæр загъдау, гæны хуызæн: дзултæ, худтæ, кас- трулкæтæ, къафеттæ, хамуттæ æмæ алы алцытæ. Гъе, æрмæст дзы сызгъæрины къæрттытæ нæй. Фæлæ дзы куы уаид, уæддæр уыдонæй хуыздæр — уæйгæнæг, арæхстджын, фæлмæн ныхасы хицау æмæ æлхæнджы- тæн уарзон Иаташæ, Уый дæ зæрдыл дар: дуканийы исты ног товартæ фæзындис, зæгъгæ, уæд та йæм «Наташкæйæ» фæдзурынц адæм. Гъемæ, уыцы Наташкæ, ливыр агуывзæмæ фæ-' царазгæйæ, йæ мидбылты бахудтис æмæ дзуры: — Ницы, ацы хатт ницы нуазыс, Тарас. Сихæрт- тыл дзы фылдæр ахуыпп кодтай. Тарас — рæстзембис карджын, бурхил нæлгоймаг. Рагæй дæр йæ сæрыхъуынтæм æлвынæн гæрзтæ хæс- тæг нал æруагъта, æмæ сæ кæрæттæ къеппы бынæй Ш
хæрдмæ сыздыхтытæ сты, нымæт ауындзæн къæндзыты хуызæн. Тæригъæд ма уæд, фæлæ, цыма йæ цæсгомæн доны хъæстæ фæуынæй тæрсæгау кæны, — ис ыл бæл- вырд бæрæггæнæнтæ... Наташæйы ныхæстæ айхъус- гæйæ, бахудтис æмæ рахиз къухы’ амонæн æнгуылдз йæ цыргъ фындзыл дыууæрдæм адаудта. Уый аипп- дзинадыл нымад у, фæлæ йæ хъæубæстæйы адæм нал фауынц. Йæхи аххос, дам, нæу. Дины чиныг кæсынæй æмæ аргъуаны куыстæй йæ зонд чысыл фæкъахыр.Хи- нæйдзаг дæр æй схонынц фæсаууон. Иуныхасæй, бæ- рæг у, Тарас гуырысхойаг лæг у. — Не ’сфæлдисæджы ном дзы чи ары,—Наташæ- мæ дзуры Тарас, — уый йæ чысыл æмæ бирæйæ не ’взары. Уæллаг йæхæдæг дæр афтæ зæгъы. Кæс-ма; гъеныр та мæм æрдзырдта... Уæлæ æртæхынц йæ ны- хæстæ базыртыл... Тарас хæрдмæ скаст, рахиз къух йæ сæрæй бæр- зонддæр систа, стæй цæстытæ фæирд кодта æмæ зæгъы: — Акса, æмбойны та мын куыд ацамыдта... Табу йæхицæн уа!.. Йæ алфамбылай лæуджытæй чи бахудт, кæмæн та йæ былтæ фесчъил сты, фæлæ сæ ницы уыйас æрхъуы- ды кодта Тарас: йæ ахсæны цинæй йæхæдæг дæр фæ- рогдæр ис æмæ радде дуканийæ. Уым, дæ цуры къæли- доргондыл, бандæттæгæнæн фабрикæйы кусджытæ Майрæм æмæ Саукуыдзы куы ауыдта, уæд сæм арахъхъ æмæкомыдонæйдзаг ныхæстæ ралæхурдта: — Алы бон æгас цæут æмæ Наташкæмæ нозт цъи- рынмæ рацу зæгъæг ут, фыры хъултæ! Ам æндæр ду- каниты хуызæн донджахи нæу...—арауы, арауы!.. Стæй Наташкæйы къух рог у, — фарсыл, писиау, хæцы йæ нозт. Гъе, æрмæст æхца агуры, æмæ уæйгæнæгæн йе ’гъдау афтæ у... Хуыцау бахизæд нырма, фæлæ фæ- цъынд ис, зæгъгæ, уæд ын æнæ дзæнæтмæ бахаугæнæй. Зрнгæ йæ кæнын æз, стæй уæлладжы амындмæ гæсгæ дзурын. Кæс-ма: гъеныр та мæм æрдзырдта... Тарас йе ’нгуылдзтæ ног йæ фындзыл æрсæрфта. — Амæндты амонд æй хъаймæтмæ бахауынæй ба- хизæд Наташкæйы! Куыд дзурынц, афтæмæй, дам, дзы æвзæр уавæртæ ис, — зæгъы Саукуыдз. — Фæлæ йед 112
та: ам уæ хъæуы мидæг кæм бафысым кæнæн ис? Ме ’мбал, Майрæм фæрынчын ис фæндагыл æмæ... Иу æх- сæв йедтæмæ бæргæ нæ фæуиккам... Тарас дзæгъæл кæстытæ акодта алырдæмыты. — Уымæн уын уæллаг йедтæмæ æз ницы зæгъ- дзынæн, фыры хъултæ; æргом куы дзурон, уæд æз дæр ардыгон нæ дæн... Мах хъæу æмæ ацы хъæуы æхсæн цыппар версты ис. Сойын цырæгътæ алхæнын- мæ æрбауадтæн, фæлæ та мæ Наташкæ арахъхъæй абуц кодта, æмæ æхцатæ — футт!.. — Æмæ уæдæ дæ сæйрагдæр куыст арахъдзуан у, зæгъыс? Æви ма уымæй уæлдай истытæ змæлыс уæ хъæуы мидæг, акуыстытæ кæныс? — фæрсы та йæ Саукуыдз. — Кусгæ? Уæдæ! — дзуапп радта Тарас. — Колхозы... совхозы, æви æндæр искуы? Тарас бахудтис æмæ йæ цæсгомыл цас уыдис, уы- мæи дыууæ уыйбæрцы алырдæмты æнцъылдтæ абадт. Исдуг фæхъус ис, стæй сырх-сырхид уæлтъы- фæлттыл хæрдмæ схæцыд, афтæмæй ныккомкоммæ Саукуыдзмæ. Бирæ йæм фæкаст, стæй хæстæгдæр ба- лæууыд æмæ йын йæ хъусы дзуры: — Кæй зæгъын æй хъæуы, фыры хъултæ, ныртæк- кæйы фæлтæры ницыуал уырны... Ныхас ныхасы къа- хы, æмæ дын уымæн зæгъын... Адæм сæ хуыз аивтой. Тарас исдуг йæхимæ ныхъхъуыста. Йæ аразгæ ху- дæнæнгас æрбайсæфт, стæй та дзуры дарддæр: — Нæ иумæйаг фыды, дины фыды, куынцæ зон- дзынæ, æрыхъуыстаис æй. Уæлæ арвмæ кæсыс?.. Уым цы иунæг кадджын хуыцау бады, уый амындмæ гæс- гæ дины фыд æппæт адæмы дæр знаджы ныхмæ сыс- тын кодта хæсты рæстæджы... Уæдæ! Æмæ цæй тыххæй æнхъæл дæ? Уый тыххæй æмæ уæллаг афтæ бафæ- дзæхста: «æнаххосæй уæм хуыснæджы лæбурд æрба- кодта уе ’знаг, æмæ йæ маргæ кæнут!» йæ къæбут аныхта, мидбылты худгæйæ, Саукуыдз, йæ алфамбылаймæ акаст æмæ фæрсы: — Гъы, гъы, æмæ дины куыст кæныс, æви цы мæрдтаг дæ?! Дзуапп раттынмæ нæ фæзивæг кодта Тарас: — Хæст æрæджы уыдис... Цы дын æй сусæг каенон, 8 Уæлладжыраг хабæрттæ 113
фæлæ уымæй бирæ раздæр райдыдтон Дйны куыст.., Динимæ лымæн чи у, уыдон амондджын сты... йæхи- цæн табу уæд, æвзæр нæ цардтæн. Гъе, æрмæст мын уыцы æнæрайы хæст мæ къамтæ сымтъеры кодта: нал мæ цин уæлдæр кæны (афонмæ диакъон уаин), нал мæ сауджыны чызг уарзы, нал мæм бæрæгбонты лæ- вæрдтæй хауы... Иуныхасæй, ныссуйтæ дæн... Табу дын уа дæхицæн! — йæхиуыл дзорттæ бафтыдта Тарас æмæ хæрдмæ, цъæх арвы къуырфæнмæ скаст. — Ма- уал ныл æруадз ахæм фыдбылыз! Хоры сæрæй дын кувдзыстæм кæддæриддæр, æрмæст хортæ хорз зайын кæн!.. Хæст куы фæцис, фыры хъул, уæд та ногæй рай- дыдтон мæ дины куыст. Уæлладжы кæд фæнда, табу йын уа, уæд мæ хъустыл афтæ æрцыд, цыма мæ диа- къоны цинмæ сивынмæ хъавынц... Мах афтæ фæзæ- гъæм («æз нæ, фæлæ «мах» дзырдта Тарас):кæрæдзи- йы æмбарындзинад нæм уæд: æз дæ нæ хъыгдарын, ды дæр мæ ма хъыгдар. Уæлладжы амынд у уый, æмæ рохгæнгæ нæу. Уæллагæй та уый курæг уыдзыстæм, цæмæй нын хъæздыг тыллæг дæтта, æмæ йæм кувæм алы бон дæр... Иуæй-иу хатт фæсаууон кæрæдзийы фыдгойтæ ракæнæм, цъыфкалæнтæ. Уый хорз нæу, фыры хъул. Æз æй мæхиуыл бавзæрстон, æз; табу йын æрбауа уæллагæн, уымæй мын амынд нæ уыдис, фæ- лæ мæ уæддæр военкомат кæйдæр æвзагæй хæсты ар- ты баппæрста, æмæ мыл уым фæсивæд пыррыччытæ кодтой: дæ дзыггутæ, дам, цы фесты, сауджыны дам- думгæнæг? Хæмпæлгæрдæджытæ уæддæр æркæн дæ сæрыл æмæ дæ де ’сфæлдисæг иннæтæй иртаса, на- уæд дæм удхæссæг фæкъæпп ласдзæнис... Старшина та мæ бынтон хурхы онг скодта, хуыцау æй ралгъи- та! Уымæн хъаймæтмæ æнæ бахаугæ вæй... Саукуыдз дæр ауæдтытæ кодта, и, хæстон фæн- дæгтыл æмæ йын старшинатæ æмæ æндæрты амонын нæ хъæуы. Фæлæ, а Тарасæн йæ зонд нывыл кæй нал у, уый фембæрста, бахудт æмæ зæгъы: — Уыдон иууылдæр ахæмтæ сты, зонын сæ æз дæр... — Гъе иууылдæр авддæлдзæхы уыдзысты, иууыл- дæр... Табу не ’сфæлдисæгæн, уый ничи асайдзæнис, фæлæ мæм дарддæр байхъус, кæд де ’взаг дæхимæ да- 114
рын зоныс, уæд. Ацы мæнг дунейыл æнæ динæй уæвæн ницæмæн ис æмæ йæ уарзын хъæуы: уæд хуыцау дæр, уастырджи дæр æмæ иууыл зæдтæ дæр де ’вварс уы- дзысты. Кувын хъæуы. Кæс-ма, — гъеныр та мæм уæл- лаг æрдзырдта... Раст мæм фронты, Магилевы бынмæ дæр афтæ æрдзырдта. Нæмыг, дам, дыл не ’суайдзæ- нис, фæлæ дын сыдæй мæлынæй тас у, æмæ дæ уды кой бакæн... Табу йын уæд, картофтæ æлхæнынмæ ра- фардæг дæн. Æхца мæм уыдис, аДæймаг мадзалæн у... Иу цавæрдæр хъæуы, колхозы сæрдарæн йæхимæ цыд фæдæн, æмæ мæнæй афтæ—диныл хæст у. Уый дын мæм йæ цъæх цæстытæ сзылдта æмæ фæтъæлланг ласта: «Акуиты у ардыгæй,.дезертир!» Гъеныр уымæн хуыцау дæр æмæ зæд дæр ис?.. Фæлæ афтæ у, гъе: иуæй-иутæ нæ фæтæрсынц мæрдты хъаймæтмæ бахауынæй. Табу не ’сфæлдисæгæн, алкæйы дæр уыны... Кæс-ма, гъеныр та мæм æрдзырдта. Тарас йæ дæргъæццон, тæнæг фындзыл йе ’нгуылдз- тæ куыд æрхаста, афтæ йæм Саукуыдз комкоммæ фæ- каст æмæ йæ афарста: — Зæгъ-ма мын ахæм хъуыддаг: æз аргъуанты нæ вæййын, кæддæр мæ иунæг хатт мæ фыды мад са- бийæ бахуыдта, æндæр... Фæлæ, зæгъын, дæ фæллой- æрхаст та куыд у аргъуаны куыстæй? Æхцайæ... æн- дæртæ? Стæй дæ чи фæцалх кодта уыцы куыстыл? — Кусгæ мæхи фæндонмæ гæсгæ, тынгдæр та уæ- лæ уæлладжы амындмæ гæсгæ, фыры хъул. Фидгæ? Кæнынц фидгæ. Кувæг адæмы æрхастмæ гæсгæ у нæ мызд. Дзæнæтмæ æнæкъуылымпыйæ бахауын кæй зæрды ис, уыдон фылдæр авæрынц, иннæтæ — къад- дæр. — А-а! Æмбарын дæ, — зæгъы Саукуыдз. — Иу- ныхасæй, мæйы кæрон мысайнæгтæ айуарут уе ’хсæн. Тарас бахудтис. Æвæццæгæн, хинымæр загъта: фæхæст дæн, гъеныр, «хионыл...» Хæстæг-хæстæг балæууыд Саукуыдзмæ æмæ æрдæг хъæлæсæй фæрсы: — Сауджыны фырт нæ дæ, фыры хъул? — Цы? Цы? Кæй фырт? — Сауджыны фырт, зæгъын, нæ дæ? — Нæй, йæ хæрæфырт дæр нæ. Уæд æй уынис: 115
мæнмæ дæр, дæуау, уæле исчи дзурид. Æрмæст аргъа- уын зонын. Ам дæр уымæн сæмбæлдтæн. Нæ фабри- кæйы машинæтæй иу тынг «нæфæразгæ» у, фæндагыл нын «фæрынчын» æмæ йыл мæнæ ме ’мбал Майрæми- мæ куы «ацаргъауæм», уæд та афтæ кусдзæн, æмæ уромын дæр нал комдзæн. Уæртæ дардæй сау фæз- дæгкалгæ труба кæцæй зыны, уым та нæ «аргъуан» ис æмæ йæм алы бон дæр сæдæгæйттæй æрæмбырд вæй- йæм æмæ архайæм ууыл, цæмæй нæ цард уа хъæздыг- дæр, хъæлдзæгдæр, ноджы рæсугъддæр... Дæуæн та уый зæгъын, æмæ дæхицæй гобæ далыс ма араз, фæ- лæ дзыллæтимæ, цардимæ æмцыд кæн, арвмæ хъу- сыны бæсты. — Æмбарын дæ, — зæгъы Тарас. — Кæс-ма: гъе- ныр та мæм æрдзырдта... Цыдæр æрбацис йæ нозт. Райста.Саукуыдзы къух æмæ йæм тарæрфыгæй комкоммæ бакаст. — Бузныг дæ зонды ныхæстæй... Уæллаг алкæй дабр уыны... Кæс-ма: гъеныр та мæм æрдзырдта, — загъта ’ма æмæ, æнæ фæстæмæ фæкæсгæйæ, афардæг. — Дины уацайрагмæ нæ кæсыс? — Майрæммæ дзуры Саукуыдз. — Кæсын, кæсын. Чи у, зонгæ исты стут? — зæгъы Майрæм, æмæ сындæггай сыстад дуканийы асины къахæй. — Цæй зонгæ мын у! Псаломщик, дам, дæн. Хуы: мæтæг у! Йæ фындзы дон куы æрцæйтæдзы, хауды йын фæуа, уæд æм хуыцау фæдзуры... Майрæм, ды мæм ам чысыл фæгæдзæ кæн, æз æй аййафон: æххæст ыл мæ маст суадзон. йе ’фцæгготæй йæ... — Цæй, ныхъхъуытты йæ уадз, иу дæу хуызæн ма йыл æмбæлдзæнис, — йæ ахсæныл хæцгæйæ, дзуры Майрæм. — Цæй-ма, дæ хорзæхæй, фæтагъддæр кæн, талынг ныл кæны, уый нæ уыныс? Рараст сты, уæддæр ма Саукуыдз мæстæй дзырдта: — Мæнгæй нæй ахæм æмбисонд — «æвзæр стур æгас рæгъауы сафы». Ахæмæн йæ ных афойнадыл куы- нæ бакъуырай, уæд йæ алфамбылай чи уа, уыдоныл дæр низ æфтауы... 116
ХЪУС æст куы райдыдта, уыцы аз нæ ’хъæуы ахуыргæнджытæ дзæвгар уы- дис. Цалдæр скъолайы ахуыргæн- джытæ. Уыдонæй алчидæр йæ зо- ньшдзинад лæвæрдта рæзгæ фæси- вæдæн, æмæ сæ иуæй иннæйы æхсæн мур ^хъауджыдæрдзинад нæ уыдис. Ахуыргæнæг æмæ ахуыргæнæг! Фæлæ дзы иу Астемыргонд разынд, иу, æмæ æгæр уыдис, æвæдза! Афтæмæй йæм бакæс, уæд ууыл дæр ахæм сæр, иннæты хуызæн æнæсахъат къæх- тæ ’мæ къухтæ, стæй æнæуи иннæ алцытæ дæр... Ома йæ буарыл уæлдай хай нæ уыдис, афтæмæй йе ’уæнгты дзаг адæймаг. Гъе, æрмæст йæ фындзы рагъыл, ком- коммæ кæсгæйæ галиуырдыгæй, бызычъи уыдис. Æмæ цас диссаг у бызычъи? Бызычъи зонддæттæг куы уаид, уæд фылдæр æдылытыл нæ заид! Ууыл нæу хъуыд- даг. Уæдæмæ уый хуымæтæджы ахуыргæнæг нæ уы- дис, фæлæ «хъæбатыр» зондамонæг. Гъе, «æнтысгæ» дæр ахæмтæн фæкæны. Цæвиттон, хæст куы ныннæрыдис, уæд хотых йæ къухтæм райсынхъом чи уыдис, уыдонмæ Райгуырæн бæстæ фæсидтис. Астемырмæ дæр иу æнæкъух лæппу- лæг сидты гæххæтт æрбалæвæрдта. Фыццаг æй йæхæ- дæг бирæ фæраздух-баздух кодта йæ къухты, стæй та йæм йе ’фсин бавдæлдис. — Уæ тъæнгтыл хæцут, цалынмæ уын нæ лæг арты цæхæрмæ ацæуа, уæдмæ! — гæххæтт иуырдæм ныззыв- выт ласта, æмæ, цыма, æфсады хицауад иууылдæр йæ 117
уæлхъус лæууыдысты æмæ уыдонмæ здæхта йæ налат ныхас, ахæм хъæлæсы хаттæй зæгъы сылгоймаг. Уымæн йæ дыккаг райсом Астемыр фæстаг хатт ацыдис куыстмæ æмæ ма цæй ахуыр, фæлæ æнæуи би- рæ фæныхæстæ кодта йе ’скъоладзаутимæ. Сабитæн æхсызгон кæм уыдаид сæ ахуыргæнæгæй фæцух, фæлæ уæддæр æмбæрстой, хæс æвæрд ыл кæй ис, уый, тынг- дæр сæхи фыдæлтæ æмæ æфсымæртæм,гæсгæ. «Хæрзбон» сын куы загъта, уæд се ’хсæнæй кæуын., хъæлæстæ райхъуыстис, æмæ дын сын Астемыр зæр- дæтæ æвæры: — Тæрсгæ ма кæнут, сабитæ, æз уын Гитлеры хъус сласдзынæн. — Схæсс-ма-иу æцæг, Астемыр,—дзырдтой лæппу- тæ ахуыргæнæджы фæстæ. Астемыр сæхимæ æрцыд, пъартвел иу къуыммæ баппæрста. Æфсин æнкъардæй бады æмæ зæхмæ джихтæ кæны. Ничи сæ ницы дзуры. — Цæуыс?! — æрæджиау фæрсы æфсин. — Кæдæм цæуын? Исты сывæллон дæн? — дзуапп радта Астемыры «хъæбатыр». — Æниу мын «о» куы загътаис!.. Мæ фыды мын ахæстоны чи ныммарын кодта, уыдоны сæрыл ныр ар- ты куы бацæуиккам. Сæ тъæнгтыл хæцæнт!.. Кати дын, Астемыры æфсин, ныллæг скъапп иуварс аласта, уый бын пъадвалмæ ныххизæн сыгом кодта æмæ йæ лæгмæ дзуры: — Марадз-ма æмæ дæ бынат фен. — Дæ цуры дын уый сынтæг æд хуыссæнтæ, чин- гуытæ, тас дæхи хъуыдыйы ауайынмæ, хæринаг æмæ- иу дын дон та ардыгæй ныддæтдзынæн. Хъусыс: хуы- фын дæм-иу куы цæуа, уæд-иу армытъæпæнæй дæ дзых сæхгæн. На, æмæ дæм æхснырсæг æрбамидæг ис, зæгъгæ, уæд та-иу дæ фындзы кæрон æнгуылдзтæй æр- цахс. Ардæм æнæ исчи æрбауайгæ нæ фæуыдзæнис, æмæ дæ уæд дæ дыууæ хъусæй сласын кæндзысты. Бамбæрстай? — кæд ын йæ баззад æхсызгон нæ уы- дис, уæддæр йæ лæгæн ахстон сарæзта æмæ йын пъад-; валмæ амыдта зонд. — Уый бамбæрстон, Кати, фæлæ йед та?.. Куы уал ацæуин æмæ фæндагæй куы ралидзин, уæд хуыздæр * 118
нæ уаид? — бынæй хæрдмæ чысыл сабийы дзагъултæ скодта æмæ, лæгъстæгæнæгау, зæгъы Астемыр. — Иикуыдæм цæуæм мах! — фæхъæр ыл кодта ус, æмæ уыйадыл æрæхгæдта пъадвалмæ ныххизæн. Уыцы агуырд æй кодтой... Йе ’ссарын никæйы бон ’ бацис. Катийы-иу чи бафарстаид, уымæн æм цæттæ уыдис дзуапп: — Срæвдз æй кодтон, æмæ нæ хæдзарæй сидты гæххæтты фæдыл ацыдис. Уымæй уæлдай кæд дæл- дзæх фæцис, уæддæр ын ницы зонын... Фесæфт Астемыр. Военкоматы дæр æй ууыл баны- мадтой. Æрмæст дæлдзæх нæ фæцис, фæлæ дæлпъад- вал, æд тас, æд хъуывгъан. Иу скаст дæр æй нæ уадзы Кати, афтæмæй Асте- мырыл рæстæг ивгъуыйы. Уæд та афæрсы пъолы бынæй: — Æппын никуыцæй ма хъуысы, не ’фсин, хæст фæуды хабар? Æмæ-иу кæд Кати иунæг уыдис, уæд радта дзуапп: — Нырма йæ тæккæ цырены ис. На, æмæ-иу йæ хæзгул Бызиимæ сусу-бусуты фæс- тæ сæхи куы ныхъхъус кодтой, уæд та-иуКати йæ уарзоны хъусы бадзырдта: — Хуыцау хорз, æмæ йын скæсæн нæй, æндæр цы фæуиккам... — Ехх, фæлтау мæ куы ауагътаис! Ам лæг ба- куырм уыдзæнис, — ныккæрзы Астемыр. — Мауал сулæф! — фæсус хъæлæсæй фæзæгъы ус, æмæ та Бызи бахуды, уым уæвгæйæ. йæ бонæй уæд Бызи!.. Цæуылнæ худа? Каейдæр усы йæхиуыл сбаста æмæ йын йæ бынтæ дыууæ комы къулæй хæры. Зачъетæ рауагъта æмæ йæ, зæронд у, зæгъгæ, хæстмæ дæр нæ кæнынц. Астемырæн та йæ хъустæ пъадвалы уырытæ ивазынц. Гъемæ та уæддæр ацы æнæрайы нозт бынгæнæг кæм нæ у! Уый куы хæццæ кæна, уæд цъутта дæр ницы æххуыс у ныхас бауромынæн. Дзых фæкъæртт вæййы, æмæ æвзаг дзæгъæл цъыллинджытæ байдайы. Раст Бызийыл дæр уыцы æмбисонд æрцыдис. Дæ зæрдæ мæ зæрдæ йын Кати, куыд йæ уарзонæн, зама- най тæвд арахъхъæй хуызæнæн нынцъухын кодта. Уый 119
бавдæлдис æмæ иуæн дæр раппæлы, иннæмæн дæр: — Уæ Катийы цæрæнбон мын бирæ æрбауа!.. Куыд дæсны у, куы, адæймаджы фæхынцынмæ! — Стæй ху- дæгæй бакъæцæл вæййы æмæ ма йæ ныхæстыл баф- тауы: — йæ бынсаф лæг та йын пъадвалæй лæгъстæ фæкæны, иу хуыпп мын уæддæр авæр, зæгъгæ... Йæхи- цæн та скæсæн дæр нæй,—йе ’схизæны сæрмæ скъапп æвæрд ис!.. Уайтæккæ дæр Бызийы ныхæстæ хæстон хицауад- мæ байхъуыстысты æмæ дын Катимæ куы ’рджигул кæниккой, æмæ, дын, æцæг Астемыры йе ’фцæгготæй йе ’мбæхсæнæй куы сцæу-цæу ласиккой. Дыууæ гæрзивтонг салдаты йæ фæстæ, афтæмæй йæ æрбакæнынц. Скъолайы цурмæ куы æрбахæццæ сты, уæд ахуыргæнинæгтæ фæрсæгтæм рапæр-пæр кодтой. — Дæлæ Астемыр æрбацæуы! — Гитлеры хъус æрбахæссы! — Цæмæй йын æй мачи байса, уый тыххæй йæ куыд хъахъхъæнынц, — дзырдтой сабитæ.
СИДОНАИЫ НАЛАТ ыхы хъомгæс Гæгканæн æвæджиау фадат фæцис æмæ хъуг хизæггаг æхцайы æфсон дыууæ изæры астæу Бубуцкатæм комкоммæ скуыси, раст сæ хуындзаутæ араст кæнын æввонг куы уыдысты, уæд. Цы су- сæггаг у: æвæрд арахъхъæй йæм ахуыпп кæнын цыдис æмæ, цыма æппын ницы зыдта, уæддæр ахæм митæ акодта, стæй хæдзары хицаумæ дзуры; — Ме ’рбауад, кæд нывыл нæ рауад, уæд, кæйдæр загъдау, хатырæй уæд, Бубуцка, фæлæ райсом дæ хъугæн йæ сыкъайыл туман куынæ уа, уæд-иу мын æй мауал фенын кæнут... Æз дæр мæгуыр лæг дæн, кæй- дæр загъдау, сывæллæттæ мæ баппа фæагурынц... Ау, машинæйы гуыффæ алы алцæмæй куы æрыдзаг код- тат, уæд чъириты хуылфы кæй фæллой ис, уымæн, кæйдæр загъдау, дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр— туман... Мæнæ-мæнæ æхсызгон кæм уыдысты уыцы ныхæс- тæ хæдзары хицауæн, фæлæ уæддæр æнæбары мид- былты бахудтис. Æвæццæгæн та йæ иннæ хæттыты хуызæн хъуыды дæр не ’ркодтаид: гуырд у, гуыринаг, фæлæ сæм фæрсырдыгæй хъусджытæ кæй уыдис, уы- мæ гæсгæ зына-нæзына фестъæлфæгау кодта, æмæ ма Гæгкан ноджыдæр исты куы афтауа йæ ныхæстыл, зæгъгæ, фæтагъд ис дзуапп раттынмæ: — Уыдæттыл дæр мын тыхсыс, Гæгкан!.. Ныртæк- кæ дæ а лæппу арæвдз кæндзæнис. Цъыкк, зæгъгæ!.. Мидæмæ ма рахиз мæ фæдыл!.. Рауай-ма!.. 121
Хъомгæс даргъхау бур æрфыджы бынæй хуындзау- тæй кæмæдæр йæ цæст æрныкъуылдта æмæ, цæугæ- цæуын, дзуры: — Уæ гуцъаты тæригъæды та-иу ма бацæут, кæй- дæр загъдау. Чи фæсæлæт уа, уый-иу хæйттæ йæ дзæ- къулы авæрæд. Уемæ сты? Лæппуты дзыхджынтæ дæр æй, ма тæрс, ма, æнæ дзуапп ратгæ нæ рауагътой. Афтæ дын ын: — Бирæ хуыскъæлы зæнгыл схæцыдтæ, Гæг- кан!.. И?! Цу æмæ йæ раиртас: сæ кæцы сæ уыд!.. — Æмæ цы кæны, цы?.. Хъомгæс; иун&гæй, æнæ- дзургæйæ, схъыг вæййы’æмæ кæнæ иу зарæг баййары, кæнæ та авджы састæй йæ зæнджы хъуынтæ фæда- сы, — зæгъы иннæ лæппу. Хуындзаутæ æмхуызонæй дæр худынмæ фесты, фæлæ уæдмæ Гæгкан агъуысты дуар йæ фæдыл рассыдта. Уыцы рæстæджы мидæггаг уаты устытæ та сæ тæк- кæ æнæвдæлоныл уыдысты æмæ, мара-зæгъай, кæд хæдзары æфсин Сидона йæ мойы коммæ бакас- тис, иучысыл дæ^хъус хъомгæсмæ истæмæй радар, зæгъгæ. — Дæ цуры йын цъæх кружкæйæ иу адар, емынæ баназа, æмæ ахъуытты уа дæ Гæгкан! Адæймаджы йæ уд сисынмæ дæр куынæ февдæлы, уæд та мыздыл фæ- зилы! Æниу ын цæй мызд æмбæлы? Цæй тыххæй? Нæ хъуджы тæнтæ æххормагæй кæй бахаудысты, уый тыххæй? — ахæм ныхæстæ дзы райхъуыстис Сидона- йæ, дзуццæджы бадгæйæ, æмæ дарддæр нымадта, хуынимæ цы лæвæрттæ æрвыста, уыдон. Гæгкан ын кæд йæ ныхæстæ фехъуыста, уæддæр сæ мисхалмæ дæр не ’рдардта. Иу «уычыхæй» сæгъ дæр куынæ здæхы, уæд дын уый ахæм ныхæстæй йæ хай æнæ ратындæй уадзы! — Гъеныр сæ мауал сæмхæццæ кæнут, уæ хор- зæхæй, науæд къуыри дæр не ’срæвдз уыдзыстæм... Мæнæ ацы сицæйы цыппар метры се ’фсинæн — кьа- байаг; зæронд лæгæн — хъусджын дзабырхор æд уæфстæ; чындзы хотæн — фæйнæ пудры къоппы, ду- хитæ æмæ фындзы кæлмæрзæнтæ; йæ мады мадæн. 122
мауал сулæфа, Ненуцайæн — сæрбæттæн æмæ сгæл- лады дыууæ метры, кæд ын мæрддзæгтæн бахъæуик- кой. Дыууæ лæппуйæн хæдæттæ æмæ хæлæфты фаг хъæдабæ хъуымац. Сыхæгты устытæй иу иннæйы рæмбынкъæдзæй фæ- цагайдта æмæ йын, æнæ иу ныхас скæнгæйæ, цæстæн- гасæй бамбарын кодта: «Ахæм нымад чызджы номыл æндæр хуыздæр мацы нывæр хуынимæ, уый дæм цирк нæ кæсы, дæ мæрдтыстæн? Цæсгом дæр дзы хъæуы... Уæд ма йæм къахихсыд та цæмæн баисты, кæд ын æн- дæр аргъ нæ кæнынц, уæд?» Сидона, цыма, сыхæгты усæн йæ хъуыдытæ фем- бæрста, йæ дарддæры ныхас афтæ рауадис: — Уæдæ ма сын мæ сæр æд хъуынтæ арвитон?.. Тынг дзæбæх лæвæрдтæ сты. Адæм дæр æнæхъæн ду- канитæ нæ фервитынц... Адоныл дæр куы никуы æр- фæсмон кæнин. — Йæхæдæг уæм амондджын къах æрбавæрæд æмæ æнæнизæй цæрæнт, æндæр уыдæттæ ницы уадис- саг сты, — æфсинтæй иу ивазгæ ныхасæй æнæбарыго- мау афтæ бакодта, ома: мах та цы рын тилы, кæд аф- тид æртæ сæба&ччы æрвитыс, уæддæр бар дæхи, — дæу лæууын кæндзысты барæнтыл, æмæ чердæм æр- уæз кæнай, уымæн дæхæдæг уыдзынæ æвдисæн. — Ма æрбавæрæд æмæ кæмæ аминæстæ кæндзæ- нис, уый — æз. Кæйдæрты хуызæн мæ йæ къæхты бын ничи аууæрддзæн! — хъæрæй сдзырдта Сидона, стæй, симæджы къæхтау, фæйнæрдæм йæ ныхас: — Нæ, тынг хорз чызг у. Нæ иунæг лæппуйæн мæ зæрдæ ца- вæр загъта, ахæм хæссæм. Йæ фыд дæр хуымæтæджы цин кæны! Ноджы йæхи нымыгъд у. Алфамбылайы цæрджытæй йæ уæлхъус цы æфсин- тæ лæууыдис, уыдонæн цыма æппын ницы зонын æн- хъæл уыдис, ахæм ныхæстæ ракодта. Афтæмæй сæ кæйфæнды бафæрсай — иу у сæ дзуаппы райдайæн: «Сидонайæ зæгъыс? Афтари йæ хуыцау фæкæнæд! Йæ фырналатæй куы ахауы, куы фæхъил вæййы хуыссæ- ны æмæ тыхст рынчыны «оххытæ» райдайы. йæ хуы- зæй дæр бæрæг у йæ уды хъæд: дæлæмæ æрфыг, йæ дзых былысчъилтæ кæнын арæзт, æлхъывдуæхск, цыргъфындз, рустæ мидæмæ уыйбæрц бахаудысты 123
æмæ сæ бæрæг астæутæй æфсæртыл банцадысты, уы- доныл лыстæг даргъ дадалитæ...» Гъе, уымæн сæ ничи ницы сдзырдта. Æнæуи дæр сын фадат нæ фæуыдаид: Бубуцка дуарæй бустæ хуызæй æрбакастис æмæ Сидонамæ фæцарæзта йæ цæстæнгас: — Уæртæ сыл, цалынмæ дæ мастæй дæ хурхы онг не ’скодтон, уæдмæ уæ хингæнæджы митæ ныууадзут, адæм сымахмæ кæсынц!.. Уæ, дæ уырзтæ сыл аззайой, ды дзы иу хæцъил дæр æнæ басгаргæ куы ауадзай!.. Бæгуыдæр бирæ цыдæртæ сдзурынмæ хъавыдис Сидона, фæлæ йæ зæгъинæгтæ хуындзауты ацæуынмæ аргъæвта, хинымæр афтæ хъуыды кæнгæйæ: «Хæрæ- джы игæртæ мын хуыцау фæхæрын кæнæд, æз та дæ аизæр мæхæдæг хурхы онг куынæ скæнон мастæй». Æппынæрæджиау, адæм куы апырх сты, уæд æцæг фæлæбурдта, и, Сидона æппынæдзух ын «о» чи кæны, уыцы Бубуцкамæ. — Цæй фæдыл мæ адæмы цæсты æфтауыс?! Куыдз йе ’нтыдыл дæр кæмæн не ’рвæссы, уыдон цур мæм куыд бауæндыдтæ?! Куыд мæм бауæндыдтæ, зæгъын, æви дæ афтæ фæнды æмæ мæхи ацауындзон?! — хъæ- рæмахст самадта, йæ сæры хъуынтæм æфсоны лæбурд- тытæ кæнгæйæ. — Ныууадз, мауал фæдис кæн, исчи нæ хъусы æмæ нæ каистæм куы бавзаг чындæуа, уæд нæ фыдæ- бæттæ къудзийыл кæрц скæнæгау фæуыдзысты, æмæ æгас хъæуæн ныхасаг, зарæггаг кæнæм, — сабыр, ныл- лæг хъæлæсæй йæм хатыдис лæг. Раздæр бæргæ барт- хъирæн кодта, фæлæ сæ ныр хурхы онг чи ссис мас- тæй; уый бæрæг нал уыд. Гъе, æрмæст Сидона ци- къæйы хуызæн фæлурсæй ахаудис, æмæ йæ хуыссæн- мæ куы систой, уæд йæ цæстытæ уыцы дзагъырæй цармæ сарæзта æмæ-иу искуы иу дæргъвæтин улæфт скодта. Улæфт барæй кæй урæдта, фæлурсхуыз дæр ын уымæн уыдис, æндæр æм, цымæ, цы емынæйы фæллад февзæрдис цæстыфæныкъуылдмæ? Гъы, зæрдæниз æй фæхоны йæхæдæг, фæлæ дæсны дохтыры мыггагæй цы- дæриддæр ис, уыдон та иннæрдæм дзурæг сты: «Уæл- лæгъи, раст дойнаг дурæй уæлдай нæу йæ зæрдæ!..» 124
Къаддæр ыл тъæпæнæджы дзаг уазал дон фæкалд- той, стæй, æппынфæстуг, уазалриз куы скодта, уæд æнцонæн дæлæуæзæй ныуулæфыднс, раст цыма тæр- хъуснизæй æрчъицыдта, уыйау. Худæгæй йыл дæхи схæсс, цыбыр дзырдæй.;. Фæлæ дын бинонтæ судзаг мастæй хъæрзæгау ма хъæрзæнт, скæуын æввонг цæст- æнгасæй ма кæсæнт, дугъ ма уадзæнт йæ фервæзын кæныныл æмæ сæ фæстæмæ исчи хъыпп-сыпп скæнæд, стæй сæ уый фæстæ Сидонайы бар уадз! Айфыццаг йæ мой Бубуцкайæн ахæм митæ бакод- та, æмæ ма цæхæрхафæнæй дзæхстыл дæр мард æр- цæуæд, фæлæ йын загъд-заманайæ йе ’сулæфæнтæ сæхгæнын кодта, æмæ къæдзæхы хуызæн лæджы аха- уынмæ бирæ нал хъуыдис, афтæмæй лæг, тæригъæддаг мардыл кæуæгау фæкуыдта. Уæдæй фæстæмæ Бубуц- ка æрмахуыр далысæй сабырдæр сси æмæ йе ’фсинмæ фæстæмæ фæкæсын дæр нал уæнды. Уæдæ мæнгæй дзуры ныр дæр лæгъз æвзагæй комкоммæ гæды ныхæстæ: — Гъеныр, не ’фсин, цæй фæдыл дæхи хæрыс? Цæ- мæн дæхи риссын кæныс, рынчын дæ, уый куы зоныс, уæд? Дæуæй афтæ мах къаддæр фæриссæм дæ низæй? Йæ зæрдæ кæмæн нæ фæбæззы, уымæн дын мæстытæ гæнæитæ ис?.. Æмæ, хуыцау бахизæд, фæлæ нæ иу куынæуал уа, уæд не ’ннæйы цард цы у?.. Сидона йе ’дзынæг каст нæ хæлдта, фæлæ мæлæты кой куы айхъуыста, уæд, æнæдзургæйæ, Бубуцкамæ къухæй ацамыдта, ауай, мæ цуры дæ куыннæуал ауы- нон, афтæ бакæн, зæгъгæ. Уый дæр, чысыл сабийы хуызæн, йæ сæр фæгуыбыр кодта æмæ, тæргайхуызæй, иннæ уатмæ йæхи айста. Суанг бонцъæхтæм ма цал- дæр хатты æрбацæуыныл афæлвæрдта, фæлæ та-иу æй ус къухауыгъдæй æддæдуармæ фездæхта. Дыккаг бон дæр Сидона йæхи ныммæстджынхуыз кодта, йæхицæй нæдзурæг сарæзта, фæлæ фæссихæрт- тæ куы ралæууыдис, уæд æй, хæстæг кæимæ бакодтой, уыдон афтæ фелхыскъ ластой, æмæ йæ быны зæхх зæхх нал уыдис, йæ сæрмæ арв — арв. Уыдон æхсæн кæмдæрты тахтис æмæ кæм, уымæн йæхæдæг дæр ни- цы иртæста, кæд та йæ уадзыгæй сынтæджы норстой, уæддæр. Чи йын йæ къæхты бынтæ æууæрста, ныууа- 125
зал сты, зæгъгæ, чи йыл дзыхæй дон пырх кодта, иу чидæр та йын цыдæр згæхæрд кардæй йæ алыварс уæл- дæфы зиллæгтæ арæзта. Архайдтой, иуныхасæй, сыхаг сылгоймæгтæ, иу хатт æмæ йæм дыууæ хатты нæ фæ- фæдис сты, æмæ сæ алчидæр йæ куыст зыдта. Сæ иу иннæмæ бакæсы æмæ йæ цæстæнгасæй афæрсы, цы бындз, цы къогъо та йыл фæхæцыдис, зæгъгæ, кæнæ та йын бамбарын кæны: тæхуды, иуахæмы æцæгæй куынæуал сулæфид. Мæ бон бакæла, ахæм хингæнæг æфсинимæ цы чындз цæрдзæнис!.. Сæ иутæ, Сидонайы иу æхстæй чи фæуæлгоммæ кодта, уыцы хъуыддаджы æцæгдзинадæн ницыма зыд- той, цалынмæ сын æй Бубуцка сусæгæй радзырдта, уæдмæ. — Хуыцау, дæу ардыстæн, бауырнæд уæ, нал дæн мæсæрæн, сфæлмæцыдтæндзы æмæ ма кæдисчердæм лидзгæ фæкæнон, æндæр гæнæн мын нал ис. «О» йын кæнын, фæлæ, арæппыиæллæх, мæнгæй хъæрзы, ницы дзы риссы. Уæртæ кæд нæ тæбæгъты скъаппæй исты риссы, уæд уымæй дæр... Хуын æрвыста æмæ йын зæгъ. гæкодтонгис нæм, æмæ арвит куыд æмбæлы, афтæ. Нæ мæм байхъуыста, куыддæриддæр æй фæндыдис, ууыл ныллæууыди æмæ йæхи ныхас атардта. Гъемæ ныр мæ ныхас нæ рауадис? — цыдæриддæр арвыста, уыдон ын фæстæмæ ам æрбалæууын кодтой. Уым дæр амæй нæ- дæр æфсин нæй æмæ, дам, афтæ зæгъы: кæд, дам, хуын æрвыстай, уæд рарвыстаис, æндæр, дам, мах дæ ни- цæййаг хæцъилы гæппæлты мæтæй нæ мæлæм... Куыд- дæр уый айхъуыста, афтæ та фæхъил. Бубуцкамæ чи хъуыста, уыцы сылгоймæгтæй та алчидæр афтæ хъуыды кодта: «Мауал дзолгъо-молгъо кæн, фалæ!.. Афтари дæ лæгты дзуар фæкæна, кæд цы æнхъæл дæ уыцы гæды ныхæстæй! Иу тъæлланг дыл куы фæкæны, уæд дæ зонгуытыл йæ размæ кæй алæу- уыс, уый нын нæ зонын æнхъæл дæ? Фыдгулы сæры- хицауæй ма нæлгоймаджы тæф ма цæуа...» Уæддæр уæздан ныхасæн сылгоймæгтæй иу афтæ бакодта: — Мæгуыр йæ бон Сидонайæн!.. Гъеныр хъуамæ уымæй æндæр чи уаид, уый рынчындоны къæсæртыл 126
рахиз-бахизæй сфæлмæцид, уымæн та, мæгуыр, хи хæдзары асæйæн дæр нæй... — Æцæгæй ма, — афтыдта йыл иннæ. — Мæгуыр æз дæн, æз, сабаты чындз хæссын кæй хъæуы æмæ ахæм æфсины ахасты чи ис, — аразгæ хъæлæсы хаттæй бахъынцъым кодта Бубуцка. — Гъы, ныр уымæй уæлдай йæхиуыл уæлæмæ куынæ схæца, уæд мардæрцыды хъуыддаг нæу?! Уæд та рынчындон- мæ куы акомид, гъемæ йæ ской дæр нæ уадзы. — Уæдмæ фæдзæбæх уыдзæнис, рабаддзæнис... ахæм хъуыддаджы тыххæй бастæй дæр нæ фæлæудзæ- нис, — ныфсытæ æвæрдтой Бубуцкайæн сыхæгты усты- тæ, кæрæдзийы рæмбынкъæдзтæй схойгæйæ, ома: «О, йе ’вæрæнтæ искæуыл чи баууæнда, ахæм Сидона у, иу айк дыууæ хæрдваг кæмæн кæны, уый». Æмæ, æцæгæйдæр, чындзæхсæвы бон Сидона сæу- мæцъæхæй фæгæпп ласта. Циндзинад куы стынг, уæд- иу куы хъазты скуыси, куы-иу чындзхæсджытæм раз- гъордта, куы-иу къæбицы фæмидæг, куы та-иу сывæл- лæтты йæ разæй райста æмæ-иу сæ æддæдуар фæкод- та. Уазджытæй иу лæппулæг цъæх фæткъуымæ йæхи куыд сивæзта, афтæ дзы уый дæр нæ аирвæзтис: уайдзæфтæй йæм кæрты дзаг адæмы æркæсын кодта. — Мæгуыры бонтæ, Сидона, адæм дæр ма, гъы, фæлæ ног чындзæй худинаг у. Цавæр у: цъæх дыргъы гагайы тыххæй адæймаджы куиты хæринаг куы ба- кодтай, — дзуры йын се ’мбуардзæрæг сыхаг усты- тæй иу. — Æмæ уæдæ сæгъы ивæзт цы кæны бæлæстæм, сау емынæ ахæра, æви йæм æрвитгæ исчи акодта?! Нымбырд вæййынц хæццуйæ æмæ цал вæййынц, уал гагайы куы фæхъæуа нæ бæлæстæй, уæд сыл сыфтæр- тæ дæр куынæуал баззайдзæнис. Чындз, зæгъгæ, уæд мæ бынтæ бындзарæй рамæрзон? — стай-тай ласта Сидона. Уайтæккæ дæр чындзмæ цыдæр ныхæстæ байхъуыс- тис, фæлæ-иу хызы бын мидбылты бахудтис, цæмæн мæ сайут, зæгъгæ. Афтæ йæм кастис, цыма йын зæрдæ аирхæфсыны тыххæй хъазæн ныхæстæ кодтой, йæ дæлæртты цы чызджытæ бацыдис, уыдон, уыйау... 127
Уалынмæ дын æртыккаг бон чындз йæ уат йæхир- дыгонау куы æрыфснаид, æмæ Сидона лæмбынæг куы æркæсид пълантæм. Их-мардзæ, ныббогъ, ныддæдæй ласта къæлидо- рæй, бабын, хæрзсæфт, хæрзхудинаг фестæм, зæгъгæ, æмæ та уæлгоммæ ахаудис. Цалынмæ сыхæгтæ æм- бырд кодтой, уæдмæ йæ комы фынк акалдис, ныхыл хиды ставд æртæхтæ фæзындис, афтæмæй йæ бинонтæ сынтæгмæ систой. — Ау, цы та йыл æрбамбæлдис, цымæ? — чындзы цур ын ахæм митæ кæнын æнхъæл нал уыдысты æмæ дис кодтой сыхæгтæ. Уалынджы та хъуыддаг рабæрæг: чындз бавдæл- дис æмæ Сидонайы æвастæй, уый нæ бафæрсгæйæ, рамкæты æвæрд къамтæ бынтон æндæр рæтты сауыгъ- та... Сидона дын уый куы ауынид, и!.. Куы æрчъицыдта, уæд дæр ын банцайæн нал уыдис загъд-заманайæ. — Их нæ ныххоста, нæ иунæг лæппу фенамонд ис, нæ бындур ныззылд!.. Кæй чындз ма бакодта ахæм æбуалгъ митæ, кæд мах æнамонд не ’стæм, уæд?! Ставд цæстысыгтимæ хорз фæхæкъуырцц кодта чындз. Афтид уыцы маст дæр ын æгъгъæд уыдис моймæ ацыдыл фæсмон æркæнынæн, æмæ йын дзæгъæлы зæр- дæтæ æвæрдтой иннæ бинонтæ, стæй æрвадæлтæ: бон- тыл куыд фылдæр æфтыдис, афтæ дзы æфсин арфдæр сагъта йæ налат ныхтæ. «Æнаккаг, емынæйы цæф» æмæ алы зæрдæрæхойæн уайдзæфтæ уыдысты йæ хуыздæр ныхæстæ. Скарста-иу, алыг-иу кодта хъуыд- даг æмæ-иу загъта йæ мойæн чындз: «Нал мæ хъæуы, иунæг хуыцау мæ æнæ лæгæй базæронд кæнæд, цæугæ кæнын мæ хæдзармæ». — Фæлæ та-иу уымæбайхъуыс- та æмæ, зæрдæ рисгæйæ, баззадис. Сидона та хинымæр афтæ дзырдта: «Тæхуды, тæху- ды, куы ницы мæ уаид æмæ ацы ласгæкъах тагъддæр мæ хæдзарæй куы акуиты уаид». Иуахæмы дын Сидона чындзы уаты бынмæ, пъад- валы, æрымбæхстис, ацы æхсæв мын сæм æнæ бай- хъусгæ нæй, зæгъгæ. Уаты пъолмæ йæ сау кæлмæр- зæны тыхт сæр æххæстис, æмæ кæд лæппу дæр чындзы 128
,æмхуызон æрдæг хъæлæсæй дзырдта, уæддæр сæ ны- хæстæй иудæр Сидонайы хъустæй нæ ирвæзтис. — Æнкъард куы дæ, цы кæныс уый? — хъуысыдис лæппуйы ныхас Сидонамæ. Чындз дзæвгар рæстæг ницы дзуапп лæвæрдта, йæ цæстыты сыгтæн æрызгъæлынæй тæрсгæйæ. Æнæуи дæр йæ сулæфæнты цыдæр ныццæхгæрмæ ис, æмæ йын не ’нтыст сдзурын. Уæд та йын лæппу афтæ: — Куыд ницы дзурыс? — Цалынмæ мын дæ мад бынтон мæ уд сласа, алы хатт мæ уымæн бауромыс, æвæццæгæн? — æрхæндæг хъæлæсæй æрæджиау загъта чындз. — Гъемæ дын цал æмæ цал загъды кодтон: ма йæм хъус, хъуыды дæр æй ма кæн... Сидонайæн цыма уаты пъол йе ’рагъыл æрхаудис, ахæм уæззау зæрдæнизимæ уырдыгæй æваст раца- гайдта æмæ куыддæр къæлидормæ схызтис, афтæ ма ныхъхъæр кодта: — Туг ныл ставд æртæхтæй ныууарыдис, нæ лæп- пуйæн нын хинтæ скодта, æмæ йæ нал мад, нал фыд хъæуы! Стæй та йæхи уæлгоммæ аппæрста. 9 Уæлладжыраг хабæрттæ
МАРДЫ ЛÆВАР æ хъæуы зиан æрцыдис, судзаг зиан. Уымæ иууыл хъæутæй дæр мæрддзыгойтæ æрæмбырд сты. Иу афон зианы кæрты астæу æрывæрд- той. Йæ ахæссыны афон бæрæггонд .у, фæлæ хистæртæй чидæртæ нал быхсынц... — Арæппын, æрцæуинаг чи уыдис, уыдон иууыл- дæр æрцыдысты, уæд ма йæ цæмæ дарæм? — зæгъы сæ иу. — Уæдæ, уæдæ! Митæмхæццæ сæлфынæг кæны, æмæ уый дæр хъуыдыйаг у... Æвзæр у рæстæг, — ин- нæ та афтæ. Уæд æртыккаг зæгъы: — Бон дæр цыбыр у, хæрзцыбыр, æмæ ма нæ зиа- нæн æндæр æгъдæуттæ дæттын дæр хъæудзæнис... А-фæстаг ныхæсты хицау Таухъан хуины. Бæрзонд, къæсхуыртæ, ацæргæ лæг. Иу балцы ма уæд, низæй ма æрбырсæд, кæнæ йæ бæтгæ ма бачындæуæд (нозтджы- нæй абухаг у, æмæ йæ сæ бинонтæ сбæттынц), æндæр тынг «æнувыд» у зианыл. Хи хъæу нæ, фæлæ ма æн- дæр хъæутæм дæр фæцæуы агуырдæй-æнæагуырдæй. Каеуынмæ йæ цæссыджы цъайтæ хус вæййынц кæд- дæриддæр, фæлæ тæфæрфæс ракæнынмæ — фыддæс- ны. Уый фæстæ йæхи иуварс айсы æмæ аивæй искæ- йы афæрсы: — Рухсаг уæд, мæгуыр... Цæрынхъуагæй ахицæн ис йæ мæнг дунейæ... Исты йын аргæвстой, мæгуыр? Фæнды дæс æмæ фондзыссæдзаздзыд амæлæд, 130
фæнды фондз аздзыд — иууылдæр ын цæрынхъуаг вæййынц. Дзандар та уымæй æмбиссонддæр. Зым йæ уды адæргæй куыд ссæрзилæджджын вæййы, уый дæр аф- тæ скатай вæййы марды тагьддæр фæдæлсыджыт кæ- ныныл; æвæццæгæн, фынгтæ йæ цæстытыл уайын бай- дайынц, æмæ йæ цыбæлтæ нал фæуромы. Ноджы йын къамбецы хуызæн бæзджын æмæ зæлланггæнаг хъæ- лæс, асæй дæр къамбецы хуызæн урссæр зæронд лæг. Адæмы сæрты куы ауынæры, зцанæн фæндараст зæ- гъын афон у, зæгъгæ, уæд йæхи хуызæн хисты къæ- бæртæ адджынæн хæрын чи сахуыр ис, уыдонæн уы- мæй æхсызгондæр мацы ратт. Бынтон цъил та уæлмæрдты свæййы. Мардыл ин- гæны уæлхъус дæр акæуын фæхъæуы, фæлæ та уый рауынæры: «æгъгъæд, æгъгъæд! Мауал ыл уæ сæггатæ . калут. Не ’сфæлдисæг иунæг кадджьш хуыцау ын цы стæрхон кодта, уымæй йæ фæстæмæ нал раздахдзыс- тæм. Æмæ рухсаг уæд!.. Уымæй уæлдай ма йын йæ мæрдтæм фæндаг дæр схæлар хъæуы!.. Фæсабыр ма ут чысыл! Ныхас кæнын бауадзут хистæргы!» ...Бинонтæ, хæстæджытæ, къабæзтæ уæлмæрдты æнæбары фæурæдтой сæ богъ-богъ æмæ куыдвæллад цæстытæй тæригъæддаг каст кæнынц зианмæ. Судзаггаг та куыннæ у Дунеты мард! Куырдуаты бадгæйæ, дон куыд æрбацæйхаста, афтæ æнæнхъæлæ- джы фæкалдис аёмæ машинæйы бынмæ бахаудис. Ну- дæсаздзыдæй аскъуыдис йæ цард. — Фæндараст фæу! — фæстаг ныхас загъта ар- фæгæнæг, æмæ чырыны сындæггай баргъæвтой амай- гæ ингæнмæ... Нырма фæйнæ рæтты лæууынц адæм. Ингæнамай- джытæ кæронмæ хæццæ кæнынц сæ куыст. Ацы хатт дæр та амайæг Дади у, фæлæ куыддæр у. йæ чемы нæй, иуныхасæй. Æрдæбон сын сæ фыдæбоны фæлхас куы рахастой, уæд цъæхæй æгæр анцъыхта æмæ бара- сыг. Уыйас ^ынг ыл кæд нæ зыны, уæддæр æй чидæртæ фæиртæстой. йæхи ныхъхъус кодта æмæ ингæны дуар амайы. Йæ алыфарс чи лæууыдис, уыдон æм фæйнæ- фæйнæ ныхасы æппæрстой: — Дæ разы уыцы дур чысыл иннæрдæм фæзил. 131
— Змæст къаддæр хардз кæн, Хъарсы фидар дзы куы нæ аразыс, миййаг... — Цы йæ рæсугъдтæ кæныс, цы, уæддæр зæххы бын куы уыдзæнис? Дади кæд цыфæнды быхсаг у дзурæгмæ, уæддæр ацы хатт нал баурæдта йæхи. Рахиз уæрагыл лæу- гæйæ, ингæнæй адæммæ хæрдмæ скастис æмæ зæгъы: — Хуыцау, дæу ардыстæн, ардыгæй фæстæмæ ма искуы ингæн амайын, æмæ ма мæм исчи исты сдзырд- та, зæгъгæ, æз ын йæ мардыл хæрæгæй куынæ саргъа- уон ингæнмæ! Бæр-бæр байдайынц алырдыгæй! Уыцы дæснытæй æрхизут æмæ йæ уæхæдæг самайут!.. йе ’мбæлттæй йæ чидæр рæмбьшкъæдзæй фæца- гайдта æмæ йын аивæй дзуры: — Сабыр, Дади, худинаг у... — Цы худинаг у? Мæнгæй исты зæгъын?.. Сахуыр сты дзæгъ-дзæгь кæнын!.. Фæрсырдыгæй Дадийы ныхас чи фехъуыста, уыдо- нæн сæ фылдæр афтæ скарстой: «Гъемæ цы мæнг зæгъы?.. Кусы, уæд æй йæхи бар уадз, æндæр йæ дуне- йыл дур дурыл чи нæ сæвæрдта, уый дæр зондамонæг свæййы. Бæгуыдæр смæсты уыдзæни чидæриддæр...» Кæмæдæрты та худæг скуыси æмæ тыххæй урæд- той сæ пыррыччытæ. Уæдмæ Дади йæ куыст фæцис. Куы сцæйхызт, уæд размæ фæцудыдта æмæ йæ бырынцъаджы æфсон акодта. Фæлæ уал æмæ уал цæсты уынаг сты, — зын у сæ афæливын. Дзандар та нал быхсы. — Мæнæ фæллойгæнæг адæм! Абон зианджыны хæ- дзары цы фыдæбон бакодтат, уый кæд Дунетæн йæ мæрдтæм фæндагыл исты æххуыс у, уæд ын хæлар уæд! Ардыгæй фæстæмæ уæ фылдæр бонтæ цины хъуыддæгты куыд æрвитат, иунæг кадджын хуыцау уын ахæм арфæ ракæнæд! Фæндараст фæуæд Дунет, рæсугъдæй сæмбæлæд йе ’цæг дунейыл! Гъеныр, мауал фæстиат кæнæм, рараст кæнут иууылдæр æмæ «рух- саг» зæгъæм Дунетæн!.. Бон цыбыр у... Мауал фæс- тиат кæнут, Таухъан!.. Ныронг дæр уыцы ныхасмæ гæппæввонгæй чи æн- хъæлмæ кастис, уыдон уайтæккæ фæраст сты. Уæддæр 132
ма хисты сæхимæ æрхатын кодтой. Не ’сбаддзынæн, дзырдтой, сæхæдæг хæстæгæй-хæстæгдæр ластой сæхи фынгтæм. Цасдæр рæстæджы фæстæ иу сидт иннæйы æййа- фын байдыдта. Дзандармæ цалынмæ бинонты цæрæн- боны тыххæй нæма æрхæццæ сидт, уæдмæ йæм дзы æфсонмæ-æфсонтæй радтой галы сыкъайæ, æмæ йæ зонд æмхæццæтæ кæнын райдыдта. Хистæрты сидт уы- мæн афтæ алæвæрдта дарддæр: — Бинонты-йедты цæрæнбонтæ-йедтæ бирæ уæнт!.. Ам Дунетæн йед чи загъта... рухсаг, уыдон дæр рух- саг уæнт... — Уæнт! — сразы ис Таухъан дæр æмæ сæ иумæ анызтой, — фынгмæ æвнал, Дзандар, ацы фæлхас адæ- мæн конд у. — Æз нæ ауæрдын, дæхимæ фен, — дзуапп радта Дзандар, стæй исдуджы фæстæ Таухъаны хъусмæ ба- гуыбыр кодта æмæ йæ фæрсы: — Цас радтай? — Цы, ома? — Ома, зæгъын, марды лæвар! — Капекк дæр нæ. Мард æгас куы уаид, уæц ма нйцы кæны, фæлæ адонæи слæвæрттæ кæн, æмæ сæ смæрзой... УыДон дзæгъæл митæ сты. Кæд дæ марды уæй кæныс, уæд æй фыццаг базармæ балас, стæй та уæлмæрдтæм... Дзандар хъæрæй ныххудынæй фæтарсти æмæ йæ дзых армытъæпæнæй амбæрзта. Иуцъус афæстиат, стæй та Таухъаны хъус ракъуырдта æмæ дзы ба- дзырдта: — Иу артæй дих стæм, — æз дæр ницы радтон. Дæу загъдау, мардæн ма исты пайда куы уаид адæй- маджы лæвар, уæд «чорт ысним». Лæвар ракæнын дæр ницы кæны, фæлæ кæм цы цæствæлдахæг ис, уыдон кассыртæй сæвæрынц, æмæ, æвæццæгæн, æхцайы æм- бис асæрфынц. Ды хъуамæ туман радтай, уый дыл æртæ сомы æрфысдзæн. Кæсыс: уый уал дын авд со- мы — йæ дзыпмæ. Дæу загъдау, дзæгъæл митæ сты уыдон. — Дæ сидт, Дзандар! Мыкалгабырты сидт!—зæгъы уырдыгстæг. 133
— Хуыцауы хатыр бакæн, мыкалгабырты хорзæх уæ уæд, бæрсткуывд дæр ут, мауал мæм æй ратт... Нал мæ хъæуы... Уырдыгстæг хъæддых разындис, иуы коммæ дæр нæ бакаст, æмæ кæронмæ ахæццæ сидт. Изæрдалынгтæ кæнын райдыдта. Фыццаг бадты адæм райхæлды^ты. Дзандар æмæ Таухъан, кæрæдзи- йы тæрттыл хæцгæйæ, уынгмæ куы’ рахызтысты, уæд Таухъан ныззарыдис: — Е-гъе-е-й, æмæ цæй раджы-иу сыстадтæ рай- сомæй, Дунетхан, уæ-гæ-æ!..» — Цавæр у, æфсымæр, емынæ банызтай, æви дæ бинонты хуыздæр цæмæй амæла, ууыл зарыс?! — ба- фиппайдта хистæртæй иу. — Ницы кæны, нæ! — дзуапп раттынмæ фæраздæр ис Дзандар. — Хæрд, нозты фæстæ азарын дæр ни- цы кæны. — Тпу, æдзæсгом хæрджытæ! — мæстæй сдзырдта æрдæбоны зæронд лæг æмæ йе ’мбæлттимæ араст ис. Æмæ цы мæнг загъта? Фæлæ уæддæр хистхортæм нæ бахъардтой зæронд лæджы ныхæстæ, æмæ та ба- зарыдысты: — Е-гъе-ей, æмæ!.. Афтæ дæр дзы арæх вæййы, гъе! 134
КУРДИАТ уры цæст лакъонхуыз мигътæй нæ зынд, фæлæ Гацыры кусæн уаты къулыл ауындзгæ сахат амыдта фæссихæрттæ. Уаты дуармæ цы фондз адæймаджы фаг бандон ис, уы.йта,.иннæ бонты хуызæн, афтид нæ уыдис; иу æмæ дыууæ нæ фенхъæлмæ кæсы, уæдæ ныр мæ рад уыдзæнис бацæуынмæ, хицауы цæсгом фе- нынмæ, зæгъпæ. Бандоныл чи бадтис, уыдонæйчийæ фарсмæ бадæгимæ ныллæг хъæлæсæй ныхас кодта, чи газетмæ кастис, чи та тамакойы фæздæг адджынæн ныхъуырдта, æмæ афтæ тынг нæ фæлмæцыдысты; лæу- джытæн сæ хабар æвзæрдæр: сæ уæз иу къахæй иннæ- мæ райс-байс кæнгæйæ, рагон æмбисондау, зæронд кодтой. Гацыр кæд загъта: «Нæ мæ ’вдæлы, фæгæдзæ уал кæнут», уæд уый дзæгъæлы нæ уыд æмæ йæм хъу- сын хъæуы. Дзыхы радавинаг куы уаид, уæд ма уый æндæр ныхас у, фæлæ йæ худы бын дыууæ метры чы- сыл хъуаг лæг. Уæдæ, «хуьщаумæ бирæ хæрзтæ ис», фæзæгъынц, æмæ дзы уый дæр æнæ хайæ нæ баззад: чысыл хицаугонд сси цырыхъхъгæнджытææмæхуыз- исджыты артелæн. Чысыл, зæгъгæ, Гацырæн йæхи х^устыл куыд нæ æрцæуа, афтæмæй дзургæ у, æндæр дын фыдгулы дзыхæй уый куы фехъусид! Хуыцау ба- хизæд! Фæлтау адæймаджы ницы хъæуы. Æнæуи та, дæ хорзæхæй, сырддонцъиуы хæххон цæргæс куыд схонæн ис, исты мын, миййаг, уый дæр йæ дзæмбытыл стуры мард куынæ ахæссы? Уæлдæфы уый дæр кæй 135
тæхы, уый тыххæй? Нæ, мæ хуры чысыл, йе ’хæс афтæ у, базыртæ дæр ыл уымæн ис. Гъе, йæ бæллæх та уый у, æмæ иу базыр иннæмæй хъауджыдæр вæййы. И? Ай-гъай дæр афтæ! Æмæ уыдæттæ дæр хорз фæуæнт, ныхас даргъ ацайдагъ вæййы, фæлæ Гацыр йæ уарзон Палииæйæ дæр фылдæр уарзы йæхимæ лæгъз ныхас кæнын. Нæ, æмæ дæ фæнды куыдзы сырд дын ракæна, уый, уæд æй иннæрдæм фæкæсын кæн, цæмæй йын йæ дзыппы гæртам атъыссай, уый тыххæй. Уæдæ, ныхас лыстæг ралвисгæйæ, Палинæимæ дæр кæд уарзон цард кæны, уæддæр дзы йæхи æгъдæуттæ рох не ’сты. Пали- нæ та йæхирдыгонау кæсы цардмæ, ома: æз зæрдæйæ цы хъуыддагыл хæст дæн, уымæй æфсæрмы цæмæн хъуамæ кæнон? Æмæ, æцæг, бæрæг у, ахæм зондыл хæст каей у, уый. Кæс-ма, мæнæ та, уæларвæй дур æр- хауæгау, кæцæйдæр февзæрд æмæ уыцы иу схъиуд ба- ласта Гацыры уатмæ. Дуар йæ фæдыл куы рассыдта, уæд ма гæды фарст акодта: V — Бауайæн ис? — Кæдæм ма, ме ’рагъмæ? — фелхыскъ æй кодта Гацыр, фæлæ цæмæй чызг ма фæмæсты уа, уый тых- хæй бахудтис. — Æгас æрцу! Цы хур, цы къæвда дæ æрбахаста?.. — Диссæгтæ!.. Уый дын цавæр калмы сыф-сыф у, Гацыр? Тæрсгæ кæныс, мæнимæ зонгæ кæй дæ, уый адæм куы базоной, уымæй? — худгæйæ, зæлланг хъæ- лæсæй бафарста Палинæ. — Хъæр ма кæн, хъуыддаг ууыл нæу. Цæсгомæй дæр æмæ ныхасы хъæдæй дæр чызг æваст æндæрхуызон адæймаг фестадис æмæ Гацырмæ йæхи фæфистæг кодта. — Æз та афтæ зæгъын, æмæ кæд кæрæдзийы уар- зæм, уæд дзы гæды æмæ мыстæй хъазын ницæмæн хъæуы!.. Ай-дын стыр диссаг: уынджы иумæ ма рацу, клубы дæм хæстæг ма æрлæуу, кæм цæрут, уыцы уынг- ты ма ацу!.. Æз афтæтæ ахуыр нæ дæн, Гацыр, стæй мæ хъæугæ дæр ницæмæн кæны ахæм уарзондзинад... Уый уæвгæ дæр уарзондзинад нæу! — Уый бæсты дын ацæудзæн... Мæнæн та сахатмæ кæсынæй мæ цæстытæ фæрыстысты. Æнхъæлмæ кæ- <|ын: уæдæ ныр æрбацæудзæн, уæдæ ныр фæзьшдзæн... 136
Уалынджы, уыр-р-р... гуыпп, зæгъгæ, сахат фæндзæм æрдæг куы ныззæлланг ласта, уæд мæ къух ауыгътон. Уый цы хуины? Уый афтæ хуины., æмæ дæ ныхасæн хицау нæ дæ, Палинæ. Дæуæн дæ хъуыддаг афтæ у: алы сæмбæлæгæн дæр цалынмæ Карцайæ Æрджына- рæгмæ хабæрттæ иууылдæр ракæнай, уæдмæ дын ад нæ кæны. Афтæ, уфтæ, иннæрдæм. Ды та йæм æн- хъæлмæ кæс! Палннæ фæрсагæй уынджы цæуджытæм мæсты каст кæны. Гацыры цæстæнгас та Палинæйы къуырд дзыккутыл нынныхæст сасымау, æмæ дыууæйæ дæр исдуг фæхъус сты. Ахæм æнцой, сабыр уавæры хъуыдытæ сæры цып- пæрвад фæкæнынц. Нæ хицаугондмæ йæ зæрдæ кæцæй- дæр риуы гуыдырæй дзырдта: «Гацыр, адæм дæумæ æнхъæлмæ кæсынц». — Нæ, æз хъуамæ демæ биноныг аныхас кæнон,— æваст йе ’ргом фездахгæйæ, сдзырдта Палинæ. — Ды, дам, — бирæ дзураг... Ды мæнæй хъазæн хъул ма араз, кæд не ’хсæн уарзондзинад ис, уæд!.. Уый зон... Барæй ма хыл къахыс? Ракъах æмæ дзы аминас лас- тай! — æддæдуармæ фехъуыст, афтæ хъæрæй фæкъуда кодта Палинæ йæ ныхас. Æдде æнхъæлмæ кæсджытæй рæстæмбис азтæ кæуыл цыдис, иу ахæм сылгоймаг иннæмæ бакаст æмæ йæ аивæй афарста: — Исты раиртæстай уыцы чындзаджы ныхæстæй? — Куы ницы. Мæхимæ хъусыныл фæдæн: сывæл- лонмæ мæ зæрдæ ахсайдта, — дзуапп радта дыккаг. — Нæхимæ, дам, хорз куы фæминас кодтай, уæд, дам, ныр никæйы уал зоныс?.. Иуæй-иу цытæ бауæн- ды, нæ фæлæ? Гацыр йæ кабинеты ручкæ æвæрæн «арсмæ» кæс- гæйæ, фæлмæн худт бакодта, стæй Палинæйырдæм разылдта йæ цæстытæ. — Гъæй, — райдыдта Гацыр, — мæн йæ бафуйæ чи тæрсын кæна, уый уал йæ былтæ гектары æрдджы- тæй скæнæд. Дæ хорзæхæй, чи дæм æвзыстытæ кæны? Кæд дын ракодтон хылы кой? Де ’взагыл цы абады, уый цы ныццæлхъ ласыс?.. Æрдæбоны дыууæ сылгоймаджы та æдде цæстæн- гасæй кæрæдзийы афарстой. Иу дзы йæ сæрæй дæр ма 137
ацамыдта мидæджырдæм, ома: нæ сæм хъусыс, нæ? Стæй иннæмæ сусæгæй бадзырдта: — Исты йын гæртам авæрынмæ хъавы, æвæццæ- гæн, æмæ, дам, æй куыд ахæссон адæмы æхсæнты ме ’ккой?.. — Афтæ и, мæ хур... — уыцы ныхæстыл «о» загъта дыккаг дæр. — Хуымæтæджы лухтæй лухынц иуæй-иу- тæ... Кæрæдзийæн сусу-бусутæ акæнынц æмæ алы ал- цытæ сæ дæлæртты афсæрынц. Гацыры уæлхъус Палинæ йæ дзурæн куыройы кæхц мæстыхуызæй цъуппы онг байдзаг кодта алы ныхæстæй æмæ сæ расса, зæгъгæ, афтæ йæ Гацыр фæурæдта. — Æндæр хатт адзурдзыстæм, дæ хорзæхæй, адæм мæнмæ æнхъæлмæ кæсынц. — Цавæр æндæр хатт? Æрмæстдæр ныртæккæ! Адæм æнхъæлмæ. кæй кæсынц, уый æз дæр зонын... — Цæй, дæхицæй бынтондæр дунейы фарн ма араз, — фæмæсты Гацыр дæр. — Уалдзыгон гæлæбу яæ дæ, миййаг, — изæрмæ не ’рбайсæфдзынæ, —фен- дзыстæм. Стæй, дам, ахæрынæй анхъæлмаб кæсын .хуыздæр у. Палинæ исдуг фæхъус, йæ бынатæй дæр не ’нкъуы- сыд, æмæ Гацыр йæхинымæры ахъуыды кодта: «Мæ- нæ мыл, бирæгъы картофы сыфау, куыд нынныхæст, иунæг хуыцауы тыххæй!» — Куыд кæсын, афтæмæй мæ ды мæ сабырыл нæ ныууадздзынæ, — зæгъы Палинæ æмæ лæгæй-лæгмæ балæууыдис Гацырмæ. — Æнхъæлмæ кæсын цы ад кæны, уый дын æз ныртæккæ дæхицæн бацамондзы- нæн! Фæнды дæ? — Гъеныр, ды мæнимæ базары радзур-бадзур рай- дыдтай. Æз та афтæ зæгъын, æмæ хицау кæй дæн, уый дæ рох ма уæд! Каед нæ уарзондзинадыл сыстырзæр- дæ дæ, уæд, æз дæ мæрдты уазæг, фæйнæрдæмыты фæцæуæм. — Нæ, нæ! Фæрсгæ дæ куы кæнын: фæнды дæ? Уæд ацæуон æмæ зæгъон, уæртæ дæм æдде чи æнхъæл- мæ кæсы, уыдонæн, цæй фæдыл сæ дæхимæ нæ уа- дзыс, уый. Кæд хицау дæ, уæд куысты рæстæджы уарзондзинадыл рæстæг цæмæн сафыс? Цæмæн къуы- 138
лымпы кæны иумæйаг хъуыддаг нæ зонгæдзинæдтæй? Æз уый раздæр куы зыдтаин, уæд... — Фæлæуу-ма, гъæй! — фæлæгъз кодта йе ’взаг Гацыр. — Цавæр у? Сæгъ дæр ма иу уычыхæй не ’здæ- хы, уæд ды иу схуыст ныхасæй куыд рафыхтæ?.. Куы- нæ дæ уарзин... — Ды мæн уарзыс? Уæвгæ, зонгæ кæныс, куыд фæуарзынц, уый? Ха-ха! — уазал, рæхуыст худт ба- кодта Палинæ, стæй стъолы фарсмæ абадтис æмæ кърандас цы къухы уыд, уый гæххæттыл симгæ ауагъ- та. — Мæнæ дын уарзын зоныны фæдзæхстытæ æмæ- иу сæ сахуыр кæн. Ныр уал, æнхъæлмæ дæм чи кæ- сы, уыдон дæхимæ уадзын райдай. — Хъус-ма: адæмы цæсты нæхи куы бафтауæм, уæд ды дæр уайдзæфæй æнæхай нæ уыдзынæ, фæлтау мацы фæрæди... Æрбацæуæджы цур куызæгъон «Нæу мæ бон, курдиат æрбадæтт», уæд-иу сразы у æмæ цы дæ зæрдæйы февзæрд, уый ныффысдзынæ, — ахæм ныхæстæ ма акодта Гацыр, стæй фæсидтис: — Мидæмæ! Чи у?! Кæй рад у? Уатьг дуарæй æрбахызт иу сылгоймаг æмæ, цыма, пъолæн ныттонынæй тарстис, ахæм сабыр къахдзæф- тæй æрбахæстæг Гацырмæ. Гацыр та, цыма, бынтон æнæвдæлон æмæ тыхст уыдис йæ куысты, ахæм митæ акодта йе ’стъолы рагъыл, стæй афарста Палинæйы: — «Ныффыстай курдиат, нæ хо? — Ныффыстон, æркæс-иу æм. Ныр уал хæрзбон!— дзуапп радта Палинæ æмæ тагъдгомау феддæдуар. — Хъусын дæм, и! — комкоммæ кæсгæйæ загъта Гацыр сылгоймагæн, йæхæдæг та йæ сæр фæгуыбыр кодта æмæ Палинæ цы ныффыста, уый кæсыныл бауырдыг. Æрбацæуæг сылгоймаг сугæй феххуысыл дзырдта, Палинæ та афтæ фыста: «Адæмы чи нæ уарза, уый уарзын нæ зоны. Ахæм адæймагæн йæ риуы их вæййы йæ зæрдæ. Нæ дæ зæ- гъын æз æвзæр дæр æмæ хорз дæр, фæлæ мæн дæ уар- зондзинад æрдуйы бæрцæн дæр нæ хъæуы. Уадз æмæ æз афтæ æнæдзургæйæ ацæуон, фæлæ дыл адæм иу- мæ куы æрбахæссой сæ курдиат, уæд ма дуарæй фæс- тæмæ иу каст фæкæндзынæ дæ бынатмæ, æмæ фес- 139
хъиудзынæ. Хæрзбон... Æз дæр дæ нæ зонын, ды дæр мæ нæ зоныс...» — Уæд та æз дæр курдиат ныффыссин, Гацыр? — бафарста сылгоймаг.—Бауырнæд дæ, суджы къæцæл нæ хæдзары нæй. Нæ лæг дзæбæх куы уаид, уæд та нын исты амал кæнид, фæлæ ныр дыууæ къуырийы дæргъы хуыссæнæй нæма рахъил. Йæ цæф къахы хъæдгом та фегом. — Курдиат, зæгъыс?.. Арæппын æллæх, курдиат дæр дæ бон у, фæлæ... Нæ, хуыцауы хатырæй, ма ба- кæн афтæ. Фæлтау мæнæ гæххæтт айс, æмæ дын дæ тыхст ацаразой завхоз æмæ скълады хицау, — тарст- хуызæй зæгъы Гацыр. — Мæрдтыстæн, Гацыр, æртдзыхы фаг дæр нæй суг. Уымæн бирæ фенхъæлмæ кастæн дæумæ æр- бацæуынмæ... — Æмæ, йед у... нæ мæ æвдæлдис. Хатырæй уæд уый тыххæй. Мæнæн ме ’хæс у, сымах тыххæй, адæмы тыххæй æвæрд дæн ам! Махмæ дæр, раст зæгъын хъæуы, вæййы хъæндзинæдтæ, чи нæ фæрæдийы?.. Гъеныр, мæнæ мæнмæ æрбацæуыны тыххæй æгæр кæй фенхъæлмæ кæсут, уый дæр стыр азимаг хъуыддаг у, зонын æй, сæтгæ дæр ыл кæнын. Уайдзæфгæнджытæ дæр мын фæцис адæмæй, æмæ уыцы хъæндзинад мæ- хæдæг æд уидæгтæ сласдзынæн. — Бацархай, Гацыр, — дзуры сылгоймаг. — Æр- гом дын куы зæгъон, уæд мах дæ дуармæ куы бам- бырд вæййæм æмæ нæм куынæ ’мæ куынæ фæсидыс, уæд мæсты кæнын райдайæм. Махæй алкæмæ дæр чысыл ныхас вæййы, æмæ нæм-иу байхъус, стæй уæд та дæхи хъуыддæгтæ кæн... — Иттæг, иттæг раст! Афтæ æмбæлы бæгуыдæр... Адæмы зонд тыхджын у, æмæ сæ хицауы дæр сæхæ- дæг ахуыр кæнынц, хицау та адæмы. Фæфæндараст у. — Рарвит йæ рад кæмæн у, уый. Чи ма мæм æн- хъæлмæ кæсы?! — радзырдта артелы хицау йæ фæстæ. I
ХÆДИВДЖЫТÆ æ рыг скæла, Будти!.. Æрыгон уæвгæйæ, уый хъæубæстæйы ми- дæг чи нæ зоны, ахæм бирæ нæй. Йæ даргъ сæрыхъуынтæй нæ, йæ нарæг хæлафы къæхтæй дæр нæ. Уæдæмæ иу кино дæр æнæ фенгæ кæй никуы ныууагъта, уымæй, — ноджы уый дæр нозтджынæй. Дæсæм къласы фæлварæнтæ куы лæ- вæрдта, уæддæр йæ миниуæг нæ фехæлдта. Гъе, уыцы Будти дын айфыццаг фæссихæрттыл автобусæй æр- хызт. Йæ хæссинæгтæм дыууæ къухæй нæ арæхстис æмæ дзы цыдæртæ йе ’уæхскыл уаргъæвæрд скодта. Хъæуæй горæтмæ куы цыдис, уæд ын дзæвгар æххуыс- гæнджытæ уыди, фæлæ ныр фæстæмæ куы æрыздæхт, уæд йæ размæ дæр ничи рацыд. Æмæ цæугæ дæр чи ракодтаид, æвæдза, æнæнхъæлæджы куы февзæрдис, уæд?.. Фыццагдæр ыл чи фембæлдис, уый йын сæры æнкъуыстæй «дæ фæндаг раст» загъта æмæ мидбылты æлгъгæнæгау бахудтис. — Цæуыл пыррыччытæ кæныс? — афарста Будти ахæм хуызæй, цыма цъæхдæндагæй кæрдзыны къæрис æууылдта. — Куыницæуыл... Афтæ мын дæ фенд æхсызгон уыдис, — радта дзуапп, æмæ дыууæ фембæлæджы кæрæдзийæ фæйнæрдæм адард сты. Хъуыддаджы æцæгдзинад та бынтон æндæр гагайы хуылфы уыдис: æвæццæгæн, Будти, гом автобусы цæу- гæйæ, гуыффæйы æгæр фæстæуæз бадтис æмæ рыгæй 141
маймулийы хуызæн сси. Йе ’цæг хуыз нал зындис. Иуæй-иуæн та чысыл æфсон хъæуы бахудынæн. Гъе, уыцы фембæлæг дæр, æвæццæгæн, афтæ... — Æгас цу дæ уæргътимæ! Цы дымгæ дæ æрхаста, дæ мæрдтыстæн? Адæмæн сæ ахуыр кæныны рæстæг йæ тæккæ цыреныл куы у, уæд ды куыд арæх æруай- æруай кæныс? — ныддис кодта йæ мад, лæппу сæ хæ- дзармæ куы бацыд, уæд. Будтийы цæсгом нæ фендæрхуызон ис, ницы дзуры. Цыдæр маст ын йæ зæрдæ æнæзынгæ цыргъæй агайд- та, æмæ йын мады фенд дæр нывыл нæ рауадис. Мад æй фембæрста. Мидбынаты, сагъдау, лæууыд. — Цыдæр кæныс, лæппу?.. Бæрæг цыдæр та у, æмæ кæд дæ фыдæн зæгъинаг нæу, уæддæр æй мæ- нæн зæгъ. — Цæй, ницы... цы мæ схеры кодтай?! Мæхи цæх- сын мæ бауадз. Будто æргом зæгъынмæ ницы хъавыдис, йæхи бус- тæгæнæг дæр уымæн скодта. Мад та йын йæхи дзы- хæй фехъусынмæ хъавыдис, адæм ын цытæ фæдзырд- той, уыдон, æмæ уый та дистæ уымæн самадта. Уы- дис-нæ уыдис, уæддæр нал фæлæууыдис мад фыртмæ æмæ дзуры: — Æ-нæнæй, иæнæй!.. Адæмы ныхæстæй мæ хуылф судзгæ кæны... Фесгуыхтис... йæ ахуы.рæй портийы схъиуд фæласта. Æз та ма хуынтæ ’мæ æхцатæ фæ- ластон, уым лæгъстæтæ фæкодтон æмæ йæ Биболайы руаджы сонткурсы дæр ауагътой... Ныр йæ фæд-йæ фæд фæстæмæ ам æрбалæууыдис... Æфсины куыстытæ кæнын дæ фæнды?.. Уæд дæ цуры гуымбыл ахсинаг у æмæ уал уый ацахс, стæй та зад бафтаудзынæ... Æмæ, æниу, æндæр исты аккаг дæ? Мæстыхуызæй ауыгъта йæ къух, аздæхтис мад æмæ дарддæр змæлыдис хæдзары куыстыты. Будти лæгъзæй дæр, схуыстæй дæр ницы сдзырдта æмæ йæхи куы æрсыгъдæджытæ кодта, уæд уыцы æнæдзургæйæ, къæсæрæй ахызт... Иæ иу был иннæйы сцавта, зæгъгæ, куыд фæдзурынц, уыйау тæргайæл- хынцъ ныккодта йе ’рфгуытæ. йæ мад æмæ йæ фыдæн буц фырт уыдис Будти. Цæуылнæ йæ схъомыл кодтаиккой буцæй?! Дарæ- 142
сæй—æххæст, хæринагæй — æфсæст, «цу-ма» зæгъæг нæ, æрмæст ахуыр, ахуыр кæнгæ! Уымæй уæлдай та гуыбынниз — хуыцаумæ. Гъе, афтæмæй, иууыл фадæт- тæ уæвгæйæ, ныххæц-схæц фæкодта æмæ рæстæмбис бæрæггæнæнтимæ райста дæс къласы фæудыл гæх- хæтт. «Кæдæм дарддæр та? — афтæ йæхи никуы ба- фарста. Ацы химитæ, физикæтæ æмæ анатомитæй ме сæфт уынын»-иу загъта. Раст, дам, калмæн битъына цы ад кæны, уымæй уæлдай мын не ’сты. Йæхæдæг цæхгæр ныллæууыдис, дохтырыл, дам, ахуыр кæнын. Æмæ кæд йæ ахаст уырдæм нæ уыдис, уæддæр æрдæбон йæ мад куыд дзырдта, уыцы мадзæлт- ты руаджы институтмæ ист æрцыдис. «Ахуыр кæн, хъуаг дæ ницæмæй ныууадздзыстæм: ма та-иу сагъуи кинотыл æмæ футболтыл... Хъæуынц уыдон дæр, фæлæ алцæмæн дæр бæрц æмæ афон ис»... Афтæ йын бафæ- дзæхста йæ мад Дунет æмæ рацыдис горæтæй ахæм хъуыдытимæ: «Цæй, кæд ныр ам, уæлдæр скъолайы, йæ сæрмæ хуыздæр зонд æрцæуид». Бæгуыдæр бирæ зонындзинæдтæ дæтты институт. Уыдон та уæладзыгæй уæлдай не ’сты æмæ уæладзы- гæн самайæн нæй, фидар æрынцайæнтæ йын куынæ уа, уæд. Уыдæттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ иртæста Дунет, фæлæ та уæддæр — мад! Уайтæккæдæр рабæрæг ис, Будтийæн уыцы инсти- туты «уæладзыг» самайын йæ бон кæй нæ у, уый æмæ йын тынг аив, иттæг лæгъз æвзагæй загътой: «Æмбал, æмбал... зын дын у мах уаргъ ахæссын... Æгæр лæ- мæгъ æхсыст дæ астæуыккаг скъолайы... Бирæ фæ- хъуыды кодтам, æмæ дæ бынат лæвæрд æрцыдис, бæлвырдæй, дохтыр кæмæй рауайдзæнис, ахæмæн... Къуыпхы тыхлæмæрстæй къуымæл нæ кæны...» Гъе, уыцы ныхæстæ йæ сæрæй нæ цух кодтой æмæ ныр къæсæрæй куы ахызт, уæд хинымæр куыд сцæй- дзырдта, «ме ’мбæлттæ мæ куы фæрсой, уæд та сын цы дзуапп ратдзынæн», зæгъгæ, афтæ дын мæнæ Тасо, дæ- сæм «Б»-йы иу стъолы фарсмæ кæимæ бадтис, уый. * "1 — Уæуу, мæнæ Будти, мæ хуыздæр æрдхорд! Кæд æруадтæ? 143
— Абон... Æруадтæн нæ, фæлæ æрцыдтæн, — йæ хуыз нæ аивта, афтæмæй дзуапп радта Будти. — Уый та куыд? Бынтон? — бадис кодта Тасо. — Нæ мын’ бæззы уымы климæт, — арæхстгай мы- сыд Будти. Хæйрæг йæ зонæг, цæуылнæ йæм уыди ныфс æцæгдзинад радзурынмæ. — Мæхи дæр нæ уырныдта, фæлæ мæ дохтыртæ дисты бын фæкодтой: чысыл хъæуы мидæг дæр, дам, климæт алыхуы- зон у„ Тасо бахудтис. — Æниу, зæгъ, иу кæрты мидæг алыхуызон нæу! Тъæнджы мæй агъуысты тæвд вæййы, сарайы та — уазал!.. Худæгæй марынц. Акæс-ма уыдонмæ, дæ хор- зæхæй. Афтæмæй конкурсы æвæджиау бирæ «балтæ» райстай. Уæллæй, уыдон дын бæлæстæ куы фестиккой, уæд варенæфыцæн заводы дæхæдæг хомагæй æфса- дис!.. Æз дзы фаг нæ ракъуырдтон, æндæр мын бæргæ сбæззыдаид климæт, æмæ — гъа!.. О, уыдæттæ иууыл- дæр хорз, фæлæ дæм ныр дарддæр цы фæнд ис? Мæ фарста дын хъыджы хос ма фæуæд... Иумæ фæахуыр кодтам... æрдхæрттæ стæм, æмæ дæ уымæн фæрсын. — Мæнæ нæ хæдзары баддзынæн — уый дын мæ уынаффæтæ, — Тасойы иувæрсты, æнæбæрæг кæдæм- дæр кæсгæйæ, ныллæг хъæлæсæй дзуапп радта Будти. Æваст ницы сдзырдта Тасо. Хъуыды кæнгæйæ мид- былты худтис, æмæ йын уый ноджы зæрдæмæдзæу- гæдæр кодта йæ цæсгом; цæнгтæ фæсчъылдымыл æн- гом кæй æрбалхъывта, уымæй зынгæдæр сабухта йæ нæрст риу. — Бадын низ æфтауы,—зæгъы исдуджы фæстæ.— Куыст та хъомылы хос у адæймагæн. Цавæр фæнды уæд. Иуæй-иу хъал вæййы æмæ куыстытыл былыс- чъилтæ фæкæны, йæ къухтæ кæм счъизи уой, уыдоныл нæ фервæссы. Æмгарардыстæн, уæдæ æз уыдæттæй нæ дæн. Раст зæгъын хъæуы, мæнæн мæхимæ дæр хорз хъуыды нæ уыди. Не ’скъолайы рæзты-иу ав- томобилтæ цалцæггæнæн æрмадзты кусджытæ сæ да- рæстæ амæстытæй куы æрцæйцыдысты, уæд сыл-иу хинымæр худтæн, мæ цæсты нæ ахадыдта сæ куыст. Ныр æй раиртæстон, кæй рæдыдтæн, уый. Ахуыргæн- джытæ дæр нæ, æвæдза, бынтон раст зондыл нæ ар- 144
дыдтой, нæ. Афтæ сæ никуы ничи загьта: рауайдзæн уæ арæхстджын токартæ, комбайнертæ æмæ æндæр ахæм кусджытæ, фæлæ, дуне иннæрдæм куы рафæл- дæха, уæддæр — инженертæ. Уæд цæмæй æвзæр у, цы- мæ, дзырдæн райсгæйæ, куырды куыст? — Вазыг- джын, бæрнон, хъæуы дзы бирæ зонындзинад, стæй цæмæй куыст раздæр æмæ хуыздæрæй баххæст кæнай, уыцы мадзæлттæ æрхъуыды кæнынмæ арæхстдзинад... Уæд токар та? — Мæ уарзон куыст? Æгæр-æгæр куы кодта Тасо, уæд Будти нал фæ- лæууыдис: — Атт, куыд тагъд æй бауарзтай, нырма дзы цал- дæр мæйы йедтæмæ куынæ кусыс, уæд?! — фæкъуых- цы кодта Будти Тасойы. — Стæй куыд тагъд атокар дæ? Куыст бауарзын йедтæмæ дзы ницы хъæуы? Тасойæн ма æхсызгон дæр уыдысты уьщы ныхæстæ. — Гъе, гъе, дæс къласы мæм кæй ис, æмæ куыст кæй бауарзтон, тагъд дæр уымæн сахуыр кодтон ста- нок. Уымæй уæлдай дзы климæт хорз, спъаргалкæтæ- йедтæ дзы нæ хъæуы, æмæ тынг дзæбæх радтон фæл- варæнтæ. Четвертной та дзы квартальный хуины. Æмæ уый дæр зæрдыл даринаг у, фæлæ æз куыд кусын, уый зоныс: алы бон дæр — дæ лæгдзинад æмæ дæхæдæг. Уæд кварталонæн дæр æвзæрæй тас нæу. Будти хинымæр хъуыдыты аныгъуылдис. Уьщы минут Тасомæ æдзынæгæй кæй нал хъуыста, уый ит- тæг бæрæг уыдис. Дзæвгар рæстæг йæ дзыппы цы къорд æхсынæны фæрахау-бахау кодтой, уыдон ныр, зæхмæ æдзынæг кæсгæйæ, басгæрста, систа сæ æмæ сæ муртæ кодта дæндæгты æхсæн. Иæ сæры зилдух код- той хъуыдытæ, æмæ йæ уыдонæй иу здæхта раст фæн- дагмæ æмæ йын амыдта, исты куыстыл ныххæц, зæгъ- гæ. Иннæ та йæ ардаугæ кодта, бацу и, Тасойы хуы- зæн, æмæ уынгты милатæй куы æрцæйуайай, уæд адæм кæрæдзийæн дзурдзысты, уæлæ нæ дохтыр хæрз- арæзтæй æрцæуы, зæгъгæ. Уыцы дызæрдыгдзинад нæма хъæр кодта Тасой- æн, фæлæ йæ сахатмæ æркæсгæ куы федта, уæд афарста: 10-Уæлладжыраг хабæрттæ 145
— Искуыдæм тагъд кæныс? Кæд дæ не ’вдæлы, уæддæр дæ ныхæстыл дарын. — Абон нæм иумæйаг æмбырд ис, зымæгон уа- вæрты кусынмæ куыд рæвдз стæм, ууыл цæудзæнис ныхас. Нæ хицау йæхæдæг кæндзæнис доклад. Амонд- джын хицау у, уæллæй. — Цæмæй амондджын у? — тагъдгомау афарста Будти. — Кусджытæ йæ бирæ уарзынц,—зæгъы Тасо. — Æмæ дæ адæм сыгъдæг зæрдæйæ куы уарзой, уæд ма уымæй зынаргъдæр цыис адæймаджы царды мидæг?.." Будти йæ сæрæй æркув-æркув акодта, стæй дын афтæ ивазгæ ныхасæй: — Уый цалынмæ хицау у, уæдмæ йын ис ахæм кад, фæлæ йæ куы сисой йæ куыстæй, уæд ын, хуыцаустæн, «æгас цу» дæр ничиуал зæгъдзæнис... Не ’нæзонгæ хъуыддаг куынæ у... — Æмæ Тъа!.. — дзуапп радта Тасо, стæй та йæ сахатмæ æркастис æмæ Будтимæ æрхатыдта: — Цом- ма иумæ, дæ куыстытæ куынæ кæныс уæддæр. Бакæс- дзынæ нæм, байхъусдзынæ... — Цы дзы архайын, цы æз та?—цыма тæргай код- та, ахæм хъæлæсæй дзуапп радта Будти. — Цæй-ма, цом, Будти, диссаг дæ, уæллæй! — зæгъы Тасо, йæхæдæг ыл æртыхстис æмæ йæ, тыххæй ласæгау, ахуыдта. ... Æмбырд куы фæцис, уæд фæндагыл Тасо фæрсы йе ’мбалы: — Бамбæрстай? Федтай, цы диссаджы зæрдæмæ- дзæугæ адæм дзы уыдис æмæ цы ныхас кодтой, уый? Куыд нæ у зынаргъ уыдон æхсæн бинойнаджы хуызæн уæвын. Дæ цуры гæмæхсæр, ахæм бæзæрхыгарæзт, куы дын æй амыдтон, сæрæй, йæ русыл ма ныр дæр æвддæсæм азæй нос, — уый мæн ахуыргæнæг у — Иван Иванович. Раст мæ йæхи фырты хуызæн уарзы. Уымæй куыд дæсны у! Æмæ йæ зонындзинад хæлæг никæмæн кæны. Бирæ фæсивæд сахуыр кодта йæхи хуызæн дæсны кусын. Тасо æхсызгон худт бакодта æмæ дзуры дарддæр: г— Мæн йæ хæдивæг хоны: иуырдыгæй куысты ми- I 146
дæг, иннæмæй та — æз куыд фæскомцæдисон, уый — коммунист. Будти йæхи ныхъхъус кодта, йæхи удмæ йæм маст- дзинад райгуырдис æмæ-иу арф ныуулæфыдис: «Гъе, гъеуый та дын мæ пълантæ: адæмæн сæ цард — арæзт, кусынц, сты хъæлдзæг, æз та нæ иутæй дæн, нæ иннæ- тæй»... Æрдæбон, æмбырды бадгæйæ, йæ зæрдæйы цы зына-нæзына рæвдауæн рухс фегуырдис, уый дæр та фæхуыссыд. Ныртæккæ ахæм уавæры ис æмæ йæ ба- фæрс, уæд цæуыл хъуыды кæны æмæ цæуыл уыйас мæстджын у, уымæн йæхæдæг дæр дзуапп нæ раттид. Ахуырæй кæй фесхъиудта, ууыл ницы уыйас фæсмон кæны. Уымæн æмæ йын уым кæй ницы бантыстаид, уый тынг дзæбæх æмбæрста, æмæ йьш уыцы уавæрæн Тасо та цы хæйрæг уыдис æмæ ма йын афтæ: — Ды та уæ хæдзары бадынвæнд кæныс... Дæ хор- зæхæй, цæмæн дæм ис ахæм зонд? Мæнгард фæуæд, чи нæ йæ зæгъа!.. Будти цыма ницы фехъуыста, уыйау æнæмæт пъæртт кодта йæ тамако. Хъыг уыдис уый Тасойæн. — Кæс-ма: æз уымæ дзурын, уый ныхъхъус и... Уæд та мæ æлгъитгæ ракæн!.. Уыцы ныхæсты фæстæ Будти æнæдзуапп ратгæ нал фæцис: — Арæппын, иу куыстыл дæр мæм сæрмагонд ахуыргонддзинад нæй, æмæ афтæмæй кæм сбæздзы- нæн? Аннæмæй та адæймагыл худгæ кæндзысты, зæгъ- дзысты: институтмæ ацыдис, ныр йæ тъæпп сау куыс- тыл фæцыдис. — Æ, уаих знаг фæуа! Афтæтæ куы хъуыды кæ- най, уæд, гъай-гъай баддзьшæ фæнычы уæлхъус. Æз та дын куыд зæгъын, уый зоныс? Уалæ ма рацу æмæ иумæ кусæм. Къухтæй рæвдз дæ æмæ уайтæккæ дæр фæцалх уыдзынæ. Алчидæр афтæмæй райдайы... Куыд зæгъыс? Мæн фæнды иумæ куы уаиккам, уый. Исдуг фæхъус ис Будти, ахъуыды кодта, стæй ра- хиз къух ауыгъта æмæ зæгъы: — Цæуын!.. Чи худа, уый худæд. Сæрæй æххæст чи уа, уый нæ бахуддзæнис, æдылыйæн та закъон нæй... Дзæгъæл бадтæй цыфæнды уæззау куыст дæр æхсызгондæр у адæймагæн... Тæккæ райсом курдиат 147
бадæтдзынæн. Фæлæ цæмæй? Æргом ныхас — заердæ- йы ас: мæн дæр, дæу хуызæн, токарыл сахуыр кæнын фæнды. — Æмæ цы? Тынг хорз у! — дзуапп раттынмæ фæтагъд кодта Тасо. — Иван Николаевичы станоктæй иуыл кусдзынæн æз, дыккагыл та — ды, куы дæ са- хуыр кæна, уæд. Фæскуыст ахуыр кæндзыстæм фæ- саууонмæ институты... Будти йæ ныхас нæ фæсайдта. Курдиат æрмадзты хицауы раз куы æрæвæрдта, уæд ын уый афтæ: — Кæд, миййаг, писыры куыст дæ зæрдæмæ хуыз- дæр цæуы? Ахæмтæ дæр нæ хъæуы. — Нæ, нæ! — цæхгæр фæлæууыдис Будти. — Мæн фæнды цехмæ, токарыл сахуыр кæнын æмæ кусын ам заводы... Кæд гæнæн ис, уæд мæ арвит Иван Ни- колаевичмæ. Æрмадзты хицау Харитъон бахудтис æмæ афарста: — Иван Николаевичы та цæмæй зоныс? — Уый сахуыр кодта ме ’мбал Тасойы, дæс къласы иумæ каст кæимæ фестæм, уый. — Хорз, — сразы ис хицау. — Махмæ ис иттæг дæсны кусджытæ. Ахуыр кæнут уæхи уыдоны зонын- дзинæдтыл, тырнут уымæ, цæмæй уат уыдон хуызæн. Куысты фæстæ, табуафси, ахуыр кæныны бар: фæнды, дæ шоферыл, электрикыл... Литературæ — фаг, — библиотекæйы ис цалдæр мин чиныджы. Уымæй уæл- дай нæм районы организациты æххуысæй ис хъæппæ- рисдзинады, топпæй æхсджыты, мотоциклтыл згъор- джыты æмæ æндæр къордтæ... Ног клуб, абана, хъæз- дыг хæрæндон. Гъе, афтæ, Будти!.. Махмæ цæуыл ахуыр кæнай, уый ис. Æрмæст зивæггæнагæн—махмæ дæр ницы æмæ кæмдæриддæр. Разы æмæ æхсызгондзинады бæрæггæнæнтæ хъа- зыдысты Будтийы æрыгон’ цæсгомыл, дзурæгмæ ком- коммæ кæсгæйæ. Хицау æй цехмæ куы бахуыдта дыккаг бон, уæд йæ цæстæнгас зыд райс-байс кæнгæйæ, сгæрста дæр- гъæй-дæргъмæ рухс агъуыст. Фыццаг хатт дæр ын сæ уындæй сæхи уарзын кодтой алыхуызон станоктæ, ма- шинæтæ, цæрдхуыз кусджытæ: ( — Иван Николаевич, — зæгъы Харитъон, ног ку- 148
сæджы уæхск уарзон цæф æркæнгæйæ. — Мæнæ дын ноджыдæр иу хæдивæг. Ацы аз каст фæцис астæуык- каг скъола. Фæнды йæ, дæу хуызæн, мастер суæвын. Иван Нико’лаевич йæ цæсткæсæнты сæрты ракаст æмæ исчи загътаид æцæг рамæсты. Афтæ дын:—«Хари. тон Петрович, ды не ’гасы хицау куы дæ, æмæ дын хæдивæг куынæ ис, уæд мæнæн цал хæдивæджы нысан кæныс? Цæмæй мын загъдæуа де ’штат æнхъизæнджы- ныл конд у, æви бонæй-бонмæ куы рæзы?» Стæй йæ ри- хитæ фæйнæрдæм сæхи айстой, ферттывтой йæ сыз- гъæрин дæндæгтæ, — бахудтис: «Æгас цæут!.. Æри-ма мæм дæ къух, лæггаг!.. А-гъа, Будта... Хорз, хорз. Уыйбæрц ахуыргонддзинад кæмæ уа, уыимæ та цы ку- сын хъæуы. Бауырнæд дæ, Харитон Петрович, уынын æмæ æмбарын, а фæсивæд рæхджы мæхицæй кæй фæ- дæсныдæр уыдзысты. Тынг зæрдæргъæвд сты æмæ тагъд ахуыр кæнынц... Æмæ уый, æнæмæнг, уæвгæ дæр хъуамæ афтæ уа?». — Ай-гъай дæр афтæ, Иван Николаевич! — зæгъы хицау. — Цæй, уæлахиз ут! Кусæгæй кусæгмæ цæугæйæ, цехыл афардæг ис хицау. Зыррыттæй базмæлыдысты станоктæ, ацайдагъ фæллойады бон.
ГÆУЫСОН ТЕАТРЫ УЫДИС ’ æрдæн йæ налат афон, сусæн бон арвы астæуæй, тæмæнтæ калгæ, йæ тынтæ фæйнæрдæм цы сæнтурс хур калдта арвы æнæкæрон быдыртыл с æмæ зæххы фæтæн риуыл, уый ныр йæ ныгуылæн фæндагыл хæхты цъуппытæм куы ’рхæстæг, уæд куыддæр фæтугхуыз, фæлæ йæм уæддæр цæстытæ комкоммæ кæсын нæ фæрæзтой: ома мæнæ, «цъæх» харбызы карстмæ кæ- сæгау, адæймаг мæймæ куыд ныджджих вæййы, афтæ. Мара-зæгъай, кæд искуыцæй дымгæйы цъыртт змæ- лыд. Уадзæн Бестау загъдæуы, асæст бон акæныны мондæгтæ æдзух йе ’нгасæй чи æвдисы, уый дæр æнуд боны тæвд йæ быны скодта. Фæлæ дын, кæйдæр загъдау, æниу зæххыл куы ату- лид хур, уæддæр бон иу афон рæсугъд, тымбылгопп кæрз бæласы бынмæ, кæрæдзимæ гæсгæ, ма фæзыной. Ануси, Хамбе æмæ Гæуысон, — æртæ сыхаг зæронд усы. Æвæдза, зæгъгæ, сæ исты стыр циндзинады, йе та зианы фæдыл ацæугæйæ кæрæдзийы фенынæн рæс- тæг нæ фæци, æцæг диссаджы ныхæстæ сæм уый фæс- тæ рауайы. Ныхас хосгæрдæн цæвæг фесты!.. Æмæ хабæрттæ кæрдгæйæ цы уыгæстæ рауайы, уыдонæн ма фæстагмæ сæ мæкъуылы цъуппыл иу куырис æрсадзынц Хъара- ты Алиханы ус Косерханы койæ: «Æллæх, Косерхан! Æллæх, дæ бындур ныззила! Дзыххæрынмæ нæ ракур- 150
дзынæ, къах цæуынмæ, æндæр цы нæ ракурдзынæ, иу ахæм дын куынæ ис?» — зæгъгæ. Гъемæ ма мах дæр куы ракæнæм Косерханы кой, уæд цæфыл рæхуыст бафтаудзыстæм, стæй зæрдæхудт дæр у, æмæ маст райсыны бæсты фæлтау сын сæ ны- хас кæронмæ ахæццæ кæнæм. Фыдгул ма искæйы фыд- гой ракæна. Дæхицæй сыхырна сараз æмæ алы бырон луар, уый дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр мисхалы аргъ хъуыддаг нæу... . О, æмæ дын Гæуысон горæтæй къуыри балцы фæс- тæ, дзыхъхъыннæуæг сæрбæттæн йæ урс дзыккутыл баст, афтæмæй куы æрыздæхид, уымæй дæр — автобу- сы, æмæ абон йæ уарзон сыхæгтæ Ануси æмæ Хамбе- йы фарсмæ зæрдæргъæвдæй куы бадид. Гъер дзы „су- сæггагæй куы ницы и: зæгъгæ кæд ницы кодта, уæд- дæр хъæлдзæгхуыз йæ уарзон æмбæлтты фендæй уыд. Уыдон та йæ гачъынырдæм фембæрстой æмæ йæм, æвæццæгæн, уымæн алыхуызон ныхæстæ скодтой. — Цæуылнæ балц кæнай, Зæрæда! Ахæм чызджы чызг дын схæццæ Уæрæсейæ, уæларвæй сызгъæрины къæртт æрхауæгау, — йæ чызгон номæй йæм сдзырд- та, мидбылты худгæйæ, Хамбе. — О, мæ хур, о! — Хамбейы ныхæстыл «о» загъта Ануси дæр. — Мæнæн та, мæ игæр ын айхæла, мæ иу- нæг дарæг фырт дæр бабын ис хæсты... Афтид мæнæн кæм, фæлæ бирæтæн. Гæуысон, йæ къухтæ йæ дæлæртты даргæйæ, къул- сæрæй æдзынæг кастис, сæ цъиуджын карк-иу йæ мид- бынаты куыд ракафæгау кодта, йæ цъиутæм сидгæйæ, уымæ. Хинымæр ахъуыды кодта, зæгьгæ: «Фестон æмæ сæ хæдзарырдæм баздахон, æгуыдзæгдзинады тыххæй мын сæ Къацты ногзад дзæргъ куы рауидза»... Фæлæ дзы карк уайтæккæ дæр æрбайрох, йæ цæстæн- гас кæрзы бæзджын цъæх сыфтæртæм систа, чысыл къуырф цæстытæй тагъдгомау атъæбæрттытæ кодта æмæ байдыдта ахæм ныхас кæнын: — Мæнæн дæр цы фæцис, уый фæци хæст. Мин азы дæр æй куынæуал фенид мæ цæст!.. Фæлæ мын уæддæр Уарзет нæхирдыгонау кæй нал дзуры, уый иууыл мæстытæн дæр маст рауад. Иунæг хуыцау ыл галиумæ базыртæ базайын кодта, æмæ Баранцофæй 151
куы сыздæхт, уæд æй абонмæ иу ныхас иронау нал хауы йæ дзыхæй. Уæд искуы ахæм æмбисонд æрцæугæ федтат?! Сымах дæр урс дадалиты онг куы фæцар- дыстут? Афтæмæй мæ горæтмæ йæ фæдыл ахæр-хæр кодта. Мæрдтыстæн, кæстæр чызг Дибæ ма немæ цыд нæ фæцис, зæгъгæ, уæд чердæм цы чындæуыдаид, уы- мæн ницы иртасын. Цæй, куыд, дæ хорзæхæй, ныхас куынæ æмбарай, уæд? Иронау æм сдзырдтай, уæд «не понимайт», зæгъгæ, фæкæны, æмæ марадз, цу!.. Дибæ- йæн йæ хъусы дзурын: цы, зæгъын, хоны, цы уый,— «не понимайт?» Нæ, дам, дæ æмбарын, Нана, иронау, ома, — Дибæ дын мын афтæ... Уæд дæ хæрзмады ма- ды ныхас мауал æмбар!.. Фæлæ, иннæрдæм куы дзу- рæм, уæд æнæуи та хорз у, уды хъæдæй уый хуызæн бирæ нæй, — æцæг сызгъæрины къæртт! Рæдау, зæр- дæ алхæнынмæ дæсны. Уый махæи марозинæйæ кæй бахæрын кодта, адджын донæй нын кæй фелхæдта!.. Иуныхасæй ма къæхтыл дæр гуыбынтæ уыд, зæгъгæ, уæддæр капеккыл фæстæмæ нæ фæхæцыдаид. Æниу дын нæ уыцы бон уырыссаг театры нæ бамидæг ласта? Ануси æмæ Хамбе лæмбынæгæй хъуыстой Гæуысо- ны ныхæстæм, фæлæ куыддæр театры кой сæ хъустыл æрцыд, афтæ цыма Хамбе рагæй дæр уымæ æнхъæлмæ кастис, уыйау тагъдгомау фæкодта йæ ныхас: — Кæса, кæса, кæса!.. Ныр амæн йæ фыд къогъо- дзийы сыррыттæй дæр тæрсгæ кодта, ай та мын, мæ хур, театры балæууыд... — Фæлæуу-ма, уаих æрбауинаггаг, диссаг дзурын, диссаг! — худгæйæ загъта Гæуысон, æмæ йæ цæсгомы æнцъылдтæ ноджы арфдæр тæлмытæ фестадысты. — Бацыдыстæм дын, мæ хур акæнат, театрмæ. Уарзет йæхæдæг разæй, æз йæ фæстæ, Дибæ та мæ фæдыл. Æллæх, уæ бындур ныззила, уæдæ цы æндæрхуызæн сысты ног адæм! Амæй уый арæзтдæр, уый аивдæр, æмæ дыууæрдæм кæнынц, цæстытæ йæм нæ лæууыдыс- ты, ахæм рухс агъуысты. Мидæгæй дзы дукани нæй æмæ, æллæх диссæгты Абæгиан, уый адæймаг йæхи дыууæ цæстæй куынæ фена, уæд зын бауырнæн у! Гъе, æрмæст кæй балхæнынц, уый, сылæй, нæлæй кæ- рæдзийы æнæ ’фсæрмæй хæрын кæй байдайынц, уый ,сын иу адæймагæй, мæ зæрдæмæ нæ фæцыд. Уаихæр- 152
бауинæгтæ, дыдын дæр ма йæ хæринаг чыргъæдмæ хæссы, уæд сымахæй алкæмæн дæр галуантæ, æмæ дæ гуыбын дæ хæдзары байдзаг кæн! Æндæр дæ хæрын адæмы æхсæнмæ кæдæм хæссыс? Мæгъа, кæд æз мæ- хæдæг æнæфенд дæн, æмæ мæ лæгты дзуар искæйы тæригъæдæй бахизæд, се ’ппæтæн ахæм уайдзæф ба- кæнæн нæй, раст зæгъгæйæ. Гъæйтт-мардзæ, зæгъгæ, ма чи зоны ирон æгъдæуттæ, ахæмтæ дæр бирæ. Ихх, анассыны! Уым иу сау æрфыг рæсугъд уыд! Уымæн иу дыууæ дадалийы уыдис йæ рустыл, иу дзыккутæ!.. Стæй дын ын йæ къухыл исчи хæцыд? Ничи, мæ хур. Иу йæхи карæн лæппу йемæ ныхæстæ кодта аивæй æмæ, æвæццæгæн, йе ’фсымæр уыд — æнгæстæ уыдыс- ты... Раст мæ зæронд уд йемæ баззад. Тæхуды, зæ- гъын, мæхинымæры, ныр иу ахæм зæды дæ сыхбæстæм чындзæн æрцæу-цæу кæн!.. Гъе, стæй мын, мæ хур, уы- цы хъуыдытæ куыд кодтон, афтæ цыдæр æрбаци æмæ чердæм фаууон, хуыцау зоны... Алырдыпæй дзæнгæр- джытæ ныззæланг ластой æмæ ма дзы, куыд фæзæ- гъынц, цæвæг марæджы равзæрстаид?! — Æддæг-ми- дæг фемхæццæ сты адæм — чи иуырдæм, чи иннæр- дæм... Мæхинымæры дзурын: ам æнахуырæй фæдзæ- гъæлæн бирæ нæ хъæуы, æмæ Дибæйы цонгыл фидар хæцын... Ныр та, зæгъын, кæдæм цæуæм, Дибæ? æмæ, дам, ысс, хъуыддаг йæхæдæг йæхи амондзæн, мæнæ уал Уарзеты фæстæ цом. Ныр Уарзет та, мæ хур, дæ- лæ Уæрæсейы алы диссагыл нæ сахуыри, æмæ номы тыххæй, æвæццæпæн, билетты зынæргътыл æхца анымадта. йæхæдæг сыл ахуыр у æмæ бынæй кæмдæр сбадт, фæлæ махæн Дибæимæ амæй бæрзонддæр æмæ зынаргъдæр ма ныууадз бынæттæй, уыдонæй æрыл- хæдта. Мах дæр сыл, цингæнгæйæ, куыннæ æруагъ- таиккам нæхи... Æллæх, уæ бындур ныззила, уæдæ цы диссаджы арæзтытæ скæнынц театры агъуыстæн, цы?! Фæйнæрдæм акæсай — адæм, бынмæ æркæсай — адæм, хæрдмæ скæсай — адæм... Разæй та — гъæйтт- мардзæ хъæдабæйæ æмбæрзт, — мæнæ бутъыро мæй- дар æхсæв куыддæриддæр мæнгсыгъд кæн’а, уыйау та æрттивгæ кодта. Гъе, стæй дын, мæ хур, фын фенæгау, сабыргай йæхи хæрдмæ систа æмæ цыдæр æрбаци. Цæст фæлдахæн митæ кæд сты, æндæр дзы куынæ 153
адæймаг разынд, куынæ æндæр исты, уæд æмбæрзæн йæхи ’гъдауæй йæхи куыд систа? Дибæ, зæгъын, мæ уд дын уайы. Ацы хидæйдзагæй дæ дымгæ куы ниццæва: æмбæрзæн чердæмдæр фæаууон, фæсте та.дзы къул нæй, æмæ ныр къуыззитт кæндзæн дымгæ. Ноджы та ам, æвæццæгæн, къæвда уыд, æмæ дæлæ хæхты сæр- тæ фæурс сты митæй... Æхгæд, дам, у, Нана, ис дзы къул. Цæй къултæ мын, зæгъын, кæныс, дæлæ арвæй, мæйæ, стъалыйæ куы зынынц, уæд. «Уыдæттæ конд сты, конд, Нана»,—афтæ дын мын Дибæ. Акса! Чысыл уæвгæйæ дæр мæ йæ зæрды асайын уыд... Цыма зæрон- ды бонтæм фæцардтæн æмæ уыйбæрцытæ не ’мба- рыи... Гъы, æнахуыргонд дæн, театры дæр фыццаг хатт сæмбæлдтæн, фæлæ цæстæй цы уынон, уый раир- тасынмæ дæр нæ арæхсын? Æз цы нæ зонын, уый — уырыссаг æвзагыл нæ сахуыр дæн æмæ йыл сæтгæ дæр кæнын. Мæрдтыстæн, «æри-ма» дæр не ’мбарын æмæ «гъа» дæр уырыссагау. Хæснаджы тыххæй мæ бафæрс ныртæккæ, театры кæй æвдыстой, уымæй цы бамбæрс- тай, зæгъгæ, уæд чысыл цыдæртæй дарддæр ницы. Уый дæр се ’змæлдмæ гæсгæ. Гъеныр дзы, мæ хур, иу бурхил зæронд зокъо рацыдис адæмы размæ, æмæ йæ -рондзимæ скалай, уыйбæрц та йæ хъуыры куыд ацыд хæрд æмæ нозт?! Дыууæрдæм-иу куы адзой-дзой кодта, куы-иу ныххæкъуырцц кодта æнæфсармæй адæмы раз! Адæм дæр ын цы фесты, уый фесты: хорз ын фæхуд- тысты йе ’взæрдзинадыл, ныр мын Дибæ та мæ фæрс- тæ куыннæ ссау кодта йæ рæмбынкъæдзтæй: «Мæ дыууæ къахы фæхауынц, Нана, æмæ ма цы фæуон? Нылхъывта мæ мæ къахы дарæс», — афтæ-иу. Кыс, ныр хъал сысты, хъал, мæ хур, адæ.м! Æ-ндæр ма кæд æз нæ дзырдтон Дибæйæн, дæ ирон дзабыртæ скæн, зæгъгæ, фæлæ дын бакоммæ каст? Ныллæууыд, мæ хур, æмæ йæхи куыддæриддæр фæндыд, афтæ бакодта æмæ йæ ног тъæпæнзæвæт туфлиты фæраст. Уый нæ, фæлæ ма уым дæр мемæ сбыцæу ис. Æз ын афтæ: «Фелвас уал, Дибæ, дæ дзабыртæ. Дæ цъындатæ дæр хид сты, æмæ уал сæ мæнæ дæ размæ æрцауындз. Дæ къæхтæ дæр баулæфдзысты, стæй цалынмæ цæуæм, уæдмæ кæд цъындатæ дæр хус кæниккой. Æмæ, дам, ,Нана, «не культурнæ», уæд æй чи ардыдта зулмæ? 154
Фæлæ, сæ уæддæр фелвæста æмæ сæ æрцауыгъта. Æфсарм хорз у, фæлæ, кæйдæр загъдау, адæймагæн йæхи удæй зынаргъдæр ницы ис æмæ ныр, зæрдæхуд- тæй тæрсгæйæ, дæхи маринаг дæ? Уæдæ уым адæмы размæ чи рацæуы, уыдонæн, кæд хъазгæ кæнынц, уæд- дæр кæрæдзийæн батæ ’мæ хъæбыстæ кæнын æхсæр асæттæгауæй уæлдай куынæ у?.. Хорз у алцыдæр бæр- гæ, фæлæ дзургæ цы кодтой, уымæн хуыцау дæсны. Кæд кæрæдзийæн алывыдтæ калдтой, уæддæр сын мæ дыууæ хъусы — а-ба-бау! Æмæ мыл уайтагъд хуыс-~ сæг фæтых ис, царæй зæхмæ æркув-æркув райдыдтон.. Гъе, стæй мыл, мæ хуртæ, цæмæй тарстæн, уый куы ^рцæуид. Зæронд цы хуыцау æрхъуыды кодта, уый дæ- нпæмæ æрхауæд. Табу уæ фарнæн, Дибæйы хъусы дзу- рын, зæгъын: «Чысыл фæгæдзæ кæн, æз кæртмæ акæ- сон». Уый дын иу-дыууæ нал загъта, фæлæ бынмæ, Уарзетмæ йæ хъæлæсы дзагæй дзуры: — «Уарзетхан! Мæнæ Нанайы хуыссæг æрцахста, стæй йæ кæртмæ акæсын дæр фæнды!» — Ысс, зæгъын, урс аларды дын дæ хурхы уадындз тæ стона, цавæр фæдис у?! Фæхудинаг мæ кодтай æнахуыр адæмы ’хсæн, хъомты рын дыл сыста! Иу ны- хасæй мæм адæмы æркæсын кодта. Тпуй, налат, къæй- ных сывæллæттæ!.. Раст ын бындзабадæгауæй уæлдай нæ фесты мæ ныхæстæ. Æрмæст, мидбылты худгæйæ, йæ къахы дарæс кæныныл фæцис. Ныр цырæгътæ уы- ды-иу тæпп нылластой, æмæ бонæй цы кæныс ахæм рухсы цур! Адæм рагуылф кодтой. Цу æмæ сыл слест кæн. Кæд дзы æгуыдзæгдзинад æмæ æвзæр хæдзар- дзины аххосæй сыхæгтæм цолпыгур чи ацæуы, ахæм- тæ дæр уыдис, Косерханау, уæддæр сæ цæстæнгас ма- хырдæм арæзт уыд. Уарзет дæр, мæнæй цыфæнды фæуæд, фæлæ фæкъæмдзæстыг; фæлæ куыд бамбæрс- тон, афтæмæй уыйас ницы бафæрæзта схуыст ныха- сæй Дибæмæ адæмы ’хсæн, йæхи фæурæдга, æмæ «пайдом», зæгьгæ, цæуыныл фестæм. Гъе, уый уын мæ театры хабæрттæ. Цæй, истытæ ма уын радзырдтаин, фæлæ цон... Тъæпæнгæрдæгæй цæхдон акæнон, зæгъгæ, æмæ мæ хуырх уæларт фæуагътон. Кæд афонмæ пецы хай бацис, уæддæр цы бæрæг ис. Нæ лæг, мæ хур акæ- нат, уымæй хуыздæр ницы уарзы. Гогызы фыд дæр, дам, 155
мæ дзыхмæ не ’схæсдзынæн уый цур. Цон, зæрдырай ут! — загъта Гæуысон æмæ йæ зæронд къæдз астæу куыд гуыбырæй систа, афтæмæй араст ис, йæ къухтæ йæ фæсонтæм баппаргæйæ." Иухатт ма фæзылд æмæ йæ ныхæстæ балхынцъ кодта: — Кыс, уæ дыууæйæ йыл ныхасмæ чи фæхæст уа, уый ма-иу нæ Уарзетæн бауайдзæф кæнæд, мадæлон æвзагæй мауал дзур, уый аив нæу, зæгъгæ. — Хорз, хорз... Зæрдырай у, зæрдырай, Гæуысон. Бирæ хабæрттæ нын фæкодтай. Зæрондæй та уæддæр куыннæ сæтты дæ хъазæн ныхас, дæ хъæбулты рухсæй бафсæдай! — йæ фæдыл ма сдзырдтой Хамбе æмæ Ануси, стæй уыдон дæр цыбыр, уæззау къахдзæфтæй сæ фæйнæ хæдзармæ афардæг сты кæрз бæласы бынæй.
ГОГЫЗЫ ДЗИДЗА уканиты уынджы дьш иу нæлгоймаг йе ’цæг цыдæй ссæуы. Кæд æм дзур- гæ дæр йе /цæг номæй кодтой, уæд æ-м «Дударыхъойæ» хъæр кодта иу ус. Фылдæр кæд нæу,уæд æртæ ’мæ ссæдз азæй къаддæр кæуыл нæ цæу дзæнис, иу ахæм. Рахизырдыгæй йын рог дымгæ йæ сæры хъуынтæ змæлын кодта, хур та йын комкоммæ йæ галиу русмæ кастис. Иæ цыдмæ гæсгæ хинымæр афтæ чи дзырдта, зæххыл дæр æмæ уæларвыл дæр мæ- нæй лæгдæр нæй, зæгъгæ, ахæмы каст кодта. йæ уæлæ æмрасткъах хæлаф æмæ уымæн йæ саджилы кæрæт- тæ — бынты-быны нарæг. йæ иу къах дыууæ уыдис- нæй къаддæр нæу, афтæмæй дзы йæ зæнгтæ тъысгæ та куыд ныккодта, уый диссаг у, æвæдза!.. Кæд ын æй, миййаг, йæ уæлæмæ бахуыдтой?.. Гуырыл цыдæр чырынтæ фæлурс хъуымацæй пъалтогонд æмæ уымæн дæр йæ фæтджитæ — уæр- джыты сæрмæ. Гæггуырийæн йæ къæдзилыл куы ныл- лæууай, æмæ дзы йæхи куы атоны, стæй æнæ къæдзи- лæй куы фæцæйлидзы, раст уый хуызæн — йæ бакаст. Боны хъарммæ адæм се ’тæрттæ дæр ма байгом кодтой, фæлæ уымæн йæ пъалтойы æфцæггот дæр хæрдмæ фæлдæхт. Бæгъæмсар, йæ сæры хъуынтæ даргъ, æнæкойгонд. Гъе, афтæмæй, бабызы хуызæн, узгæ цыд сцæйкодта, æхсынæнтæ æхсынгæйæ. йæ зæрдæ дзырдта, цыма адæм иууылдæр. уымæ кастысты æмæ хæлæгæй мардысты, фæлæ йæм мæнг 157
хъуыды уыдис: кæй цурты-иу сцæйцыдис, уый-иу ин- нæрдæм аздæхтис æмæ-иу кæд фæрсырдæм æлгьаг ту нæ акодта, уæддæр-иу æй хинымæр йæ аккаджы номæй схуыдта. Дыууæ йæ цахъхъæны фæлладуадзæн цæхæрадоны бадтысты æмæ йæ куы ауыдтой, уæд кæрæдзимæ дзурынц: — Цы хуызæн у, цы? — Нæ йæ уыныс цы хуызæн у, уый: уæнгæлы хуызæн. — Каед æрра исты у? — Бынтон æрра кæд нæу, уæддæр ын æнæ фæл- хæрст уæвгæ хос нæй. — Ирон у, æви цы мыггаг у? — Цыма йæ нæ зоны!.. — Дæуыстæн, нæ зонын. — Дæлæ базары тъæнгтæ-йедтæ чи фæуæй кæны... уæцъæфтæ, уый фырт... Амийы. — Уæлæ ма диссагмæ скæс, сывæллæттæ йæ фæ- дыл куыд згъорынц... Нал хъуыды кæныс, иухатт ар- дæм теуа куы сластой, уæд мах дæр уый фæстæ афтæ куы згъордтам. — Теуа, мæгуыр, дыууæ къуыппимæ равзæрдис æмæ сыл никуы æфтаугæ бакодта, никуы йын къад- дæр фесты. Фæлæ уыцы уæхсткъах та йæхицæй май- мули цы сарæзта?.. Æри-ма тамако... Цалынмæ йæ уыцы дыууæ гуырды судзины хъусы ластой, уæдмæ Дударыхъо газеттæ уæйгæнæн киоскмæ схæццæ ис. Æрлæууыдис æмæ дзы æлхæнджытæй кæй баййæфта, уыдонмæ æнæрвæрссон кæстытæ бакодта. Уалынмæ йæм рад куы ’рхаудис, уæд чысыл рудзын- гæй йæ сæр бадардта æмæ уырыссагау фæрсы: — Газет нету? — Есть, — дзуапп радта уæйгæнæг. — Цавæртæ? — ныр та иронау фæрсы. — «Рæстдзинад». — Ирон æвзагыл? — бадис кодта. — О, нæхи æвзагыл. — Мне такой ни гадитццæ. Нæ зонын æз иронау кæсын. Йæ фæстæ цы сабитæ тахтысты, уыдон æй нырма >158
цух нæма суагътой æмæ йын йæ ныхæстæ куы ай- хъуыстой, уæд алы хъæлæстæй мæстæй марыны худ- тæй бакъæцæлтæ сты æмæ сæ, цыма, ардаугæ счын- дæуыдис, уыйау иумæ сдзырдтой. — Нæнæй! Дынджыр у, афтæмæй иронау кæсын нæ зоны!.. Мах дæр ма зонæм... Дударыхъо гоби, йæ дзых ныггоми!.. — Ауайут ардыгæй! — фæхъæр кодта Дударыхъо, æмæ сабитæ фæйнæрдæм фæпырх сты. Уæддæр ма-иу æм фæйнæрдыгæй æрбадзырдтой: — йæ уæлæ та рон и, йа не ирони!.. Æвæццæгæн, нæма ацыдаид Дударыхъо, фæлæ зæрватыччытæ цъиусуры куыд стыхсын кæнынц, афтæ йæ сфæлмæцын кодтой сывæллæттæ, æмæ афардæг ис кæдæмдæр узгæ цыдæй. ...Къуырийы фæстæ дын хъæуыл айхъуыстис дзыхъ- хъыннæуæг хабар: хъæдфадæн заводы кусæг, сидзæр- гæс ус, Саркис Сусанæйы гогызтæ ’мæ кæрчыты хуы- цау йæхимæ фæхаста. Изæрæй сын хæринаг радта, кæркдонмæ сæ бас- къæрдта æмæ сыл дуар куы бассыдта, уæд ма уый хъинцмæ нæл гогыз æхснырсгæ дæр æркодта. Сусанæ йæ, мæстæй марæгау, афæзмыдта. Фæсахсæвæр хуыссæны йæхи куы æруагъта, уæд хъуыды кæны: «Абон — сабат, райсом — хуыцаубон... Куыддæр мыл æрбабон уа, афтæ фестдзынæн, гогыз- тæй иуы базармæ бадавдзынæн æмæ йæ куы ауæй кæ- нон, уæд æхцайæ фыццаджыдæр кæстæр чызджы къæхтæн исты алхæндзынæн... Кæд ма мæм исты азза- йа, уæд уыдонæй та сæкæр райсдзынæн,—варенæ фы- цын афон æрцæуы, æмæ рагацау рæбыны æвæрд куы- нæ уа, уæд та уый фæстæ нæ дуканиты куынæуал баф- та къухы. Гъе, уыцы фæндтимæ йыл фьщцаг кæркуасæн сси æнæхуыссæгæй. Сæ уасæг дæр цалдæр уасты ныккод- та, уый дæр фехъуыста. Райсомæй дын фестадис, йæхи арæвдз кодта, хъæ- зын карзинкæ йæ къухы райста æмæ кæртмæ рахызт. Кæркдоны дуар гомæй куы ауыдта, уæд æм кæд хъу- сæг нæ уыдис, уæддæр хъæрæй сдзырдта: «Мæ бындур куыд уыдис, уый та цы хабар у?!» 159
Карзинкæ тыргътыл авæрдта æмæ кæркдоны фæми- дæг. Уым дæр та æваст афтæ фæкодта: «Судзгæ мæ- гуыры бонтæ, мæнæ мын цы куыст бачындæуыдис, мæнæ мæ куыд бабын кодта чидæр, йæ хуыздæры мардмæ йын адæм æрæмбырд уой!..» Гогызтæн сæ кой-сæ хъæстæ дæр нал уыдис, дæс карчы æмæ уасæгæн сæ сæртæ зæххы, сæхæдæг—нал... Милицæйы кусæг куы æрбацыдис, уæд лæмбынæг бирæ фæкастис къахфæдтæм, туджы æртæхтæм... Уалынмæ алфамбылайы цæрджытæ дæр æрбам- бырд сты. Алы ныхæстæ кодтой се ’гас дæр, æмæ сæм милицæйы кусæг дæр йæ хъус дары. Уæд дын, арæх фисыныл æхсынæнтæ чи фæуæй кæны, иу ахæм ацæргæ сылгоймаг дзуры: — Знон ам иу бæгъæмсар, æнæлвыд сæр уыдис æмæ гъеуый ма уа, уый мæ нæ уырны. Мæнæй æхсы- нæнтæ æлхæдта æмæ йын цыдæр æнæууæнк цæстæн- гас уыдис... Хъæуæй чи æрбафтыдис, ахæм уыдис. Заводы хæдзæртты уый хуызæн æнæлвыд сæр æмæ хæрдмæ фæлдæхт æфцæгготимæ ничи цæры. — Цы карæн уыдзæнис? — афарста милицæйы кусæг. — Æмæ йæ бæлвырд куыд загъдæуа? — йе ’уæхс- чытыл схæцгæйæ, дзуры сылгоймаг. — Иу дыууæ ’мæ ссæдз азы... Зæронд нæу, иуныхасæи. Къуыри дæр нæма рацыд, афтæ дын рацæй-ра- бон ис, æмæ Дударыхъойы йæ хæрдмæфæлдæхт æф- цæгготæй милицæйы хайадмæ æрбацæу-цæу ластой. «Æз нæ уыдтæн» дзурын æй нал бахъуыдис, уы- мæн æмæ йын гогызтæ æмæ кæрчыты мæрдтæ дæр йе- мæ æрбахастой,—се ’гас ма кæм уыдысты, фæлæ æнæ- хæрдæй чи аирвæзтис, уыдон. Гъе, гъеуым ын, къарцы, афтид фæйнæджытыл хуысгæйæ, бабæззыдис хæрдмæ фæлдæхт æфцæггот. Дыууæ боны йедтæмæ дзы нæ фæцис, фæлæ уæд- дæр йæ бабызы цудгæ цыд фехæлдис. Судмæ йæ куы сцæйкодтой, уæд та йæм, иннæ хæттыты хуызæн, йæ зæрдæ дзырдта, цыма адæм иууылдæр уымæ кастыс- ты... Æмæ йæм, æцæг, кастысты, æрмæст ныр ноджы фыддæр цæстæй. 160
Суанг æм цалынмæ суды лæг фæдзырдта, уæдмæ йæ сæрыл хæрдмæ не ’схæцыдис. Стæй куы сыстадис, уæд дын кæсы, æмæ суды лæджы фарсмæ газеттæ кæ- мæй æлхæдта, уыцы чызг бады. — Ахуыргонддзинад дæм цас и загътай? — дзуры йæм суды лæг уырыссагау. — Авд къласы,—иронау дзуапп радта Дударыхъо. — Уырыссагау дзур. — Æмæ нæ зонын уырыссагау. — Кæсын дæр, фыссын дæр?.. — О. Газеттæ уæйгæнæгæй чи кусы, уыцы чызг фарст раттыны бар ракуырдта æмæ йæм дзуры: — Тæккæ æрæджы мæнмæ газеттæ æлхæнынмæ уыдтæ æмæ уæд та афтæ загътай, иронау кæсын æп- пындæр нæ зонын, дзургæ дæр тыххæйты кæнын. Æрмæстдæр, дам, уырыссагау. Куыд дæ æмбарын хъæуы уæд? Дæ мадæлон æвзаг нæ зоныс, уырыссагау не ’мбарыс?.. Æви давджытæм сæхи æвзаг ис?.. Дударыхъойы дзых не сыгом. Суды лæг та йæм комкоммæ бакастис. — Радзур-ма сæрæй бынмæ, хъуыддаг куыд уы- дис, уый!.. Адæмы æхсæн иу чидæр йæхи нал баурæдта æмæ дын æваст афтæ: — Куыд уыдис: расæрфта сæ, æндæр... — Цы хабар у?! — фæхъæр кодта суды лæг. — Уæхи дарын куынæ зонат, уæд уæ иууылдæр къæли- дормæ арвитдзыстæм!.. — Гъы, цы ныхъхъус дæ?! — суды лæг уыцы знæ- тæй фездæхтис Дударыхъомæ. — Давæггаг маргъы фыд куы хордтай, уæд дæр афтæ уыдтæ?! — Рахастон сæ æмæ йыл исты нæ басастæн, — исдуджы фæстæ, хъым-хъымгæнгæ, дзуапп радта Ду- дарыхъо. — Æмæ сæ цæмæн рахастай, цæмæн?! Æви ма дæ дарæс æмæ дæ уынд гогызтæ æмæ кæрчытæ хъуаг кодтой? Нæ та сыгом ис Дударыхъойы дзых. — Цæмæй йæ зыдтай Саркистæм гогызтæ æмæ кæрчытæ ис, уый? 11 Уæлладжыраг хабæрттæ 161
— Федтон сæ цалдæр хатты, — зæгъы Дударыхъо. — Æмæ уыцы зылды æндæр никæмæ ис ахæм мар- гъы мыггаг? — Ис, фæлæ куитæ дарынц... Адæм бахудтысты. Суды лæг кърандасæй стъол æрхоста. — Саркис, цы зæгъдзынæ ды та? — фæрсы суды лæг. Сылгоймаг сыстадис æмæ дæ фыдгулмæ ахæм цæстæнгас фездæхтæуæд, уый Дударыхъомæ кæй фæ- царæзта. — Ахæм æнаккаг, ахæм цъаммарæн дзургæ у? — Дударыхъомæ кæсгæйæ, зæгъы Саркис.—Уымæн уæр- тæ йæ цæсгомыл бату кæнын хъæуы æмæ йæ куы ныс- сæрфа, уæд кæд йæ адæймаджы цæсгом сæвди- сид... Уый фæстæ судырдæм раздæхтис: — Æз цы зæгъдзынæн... Мæнæн цы знаггад ба- кодта, уый аргъ мын бафидæд, æндæр уымæй дарддæр та сымах хъуыддаг у... Адæмы æхсæн та чидæр йæхи нал баурæдта æмæ Дударыхъойы фелхыскъ кодта: — Мæгуырæг, йæ хæлафы къæхтæ бынтондæр сна- рæг уыдзысты, пъалтойы фæдджитæ та ронбастæй уæлдæр сисдзысты сæхи. — Сабыр! Уæ хорзæхæй, цавæр адæм стут, æппын уæм ныхас куынæ хъары, уæд?! —фæхъæр та кодта суды лæг, стæй йæ фæйнæ фарсмæ чи бадтис, уыдоны хъусты сусæгæй цыдæр адзырдта æмæ зæгъы адæмæн: — Суд цæуы уынаффæ кæнынмæ. Цалынмæ суд фæстæмæ здæхти, уæдмæ Дудары- хъойырдæм. адæмы æхсæнæй тахтысты алыхуызон рæ- хойæн ныхæстæ: — Æз дæр ауадзин, æвæдза, æнæууылдтытæй го- гызы фыд... — Цавæр хæлæф у, мæнæн карчы дзидза уæддæр авæрут къуыдырфыхæй. — Уæд дзы уæртæ уыцы хæмпæлгæрдæджы бын цы сæр ис, ахæм дарын хъæуы уæхсчытыл... — Афтид уымæй ницы бакодтай: дарæс дæр ма дзы. хъæуы... 162
Дударыхъо иу-дыууæ хатты радзагъултæ кодта, стæй уæд йæ цæсгом нал æвдыста адæммæ. Уалынмæ суд рацыдис. Иууылдæр сыстадысты, Ду- дарыхъо дæр слæууыдис. Суды лæг бакастис тæрхон: ...«Суд стæрхон кодта: Саркис Сусанæйы пайдайæн Дударыхъойæ фæфиддон уæд мæргъты аргъ, æдæппæт 920 сомы. Дударыхъо йæхæдæг та æрцæуæд ахст мæ- йы æмгъуыдмæ». Адæм «базмæлыдысты, сныхæстæ кодтой. Æвæццæ- гæн сæм уæлæнгай æфхæрд фæкастис. Суд райхæлдис æмæ Дударыхъойы куы рацæй ко’д- той, уæд иу æрыгон лæппу йæ фæстæ уасæджы уаст ныккодта.
ИВДДЗАГ СКЪÆФТ æхæггаты Батырбеджы фыртæн йе ’цæг ном Микъала у. Аргъуаны чи- ныджы дæр афтæ фыст уыдис. Хон- гæ та йæ Къо, зæгъгæ, кæнынц. Хуы- цау дæсны, чи йæ фæ-Къо кодта?.. Иу ныхас афтæ кæнынц, цыма сæ фыды ус Хамбечеры дзыхæй схаугæ ном у. Æмæ ууыл баууæндæн ис: цы сусæггаг у, фыды усы цæс- гом батæрдзæн. Уымæй дæр — Къо (!) — Зокъо, — цыдæр къуы- диппы ном. Микъалайы хуызæн егъау адæймагыл ни- чердыгæй фидауы. Уыцы ном, джиппы абадæгау, кæмæн бабæззид, уый дæлæ Джыккайты Бытъойæн. Уымæй уæлдай ма йыл дыууæ базыры ныссадз, уæд агургæ æмæ æнæар- гæ нæл хъаз. Бурхил æмæ стыр дзуарæй хæнкъуытæ кæй у, уымæ йын мачи фæкæсæд. Цы миниуджытæ йæ иу кæнынц хъазы мыггагимæ, уыдон йе ’уæнджы, йæ туджы сты. Куыддæриддæр хъæууон хъазты зæрдыл уæлдæфы тæхын æрлæууы, Бытъойæн та афтæ рагон хъæддаг митæ æрлæууынц йæ зæрдыл. Ноджы йыл а фæстаг заманты бынтон æртæфстис уыцы низ, раст йæ тæккæ ус курыны рæстæджы, æмæ тынгдæр хъæрзы, «скъæфт» кæй хонынц, уыцы мийæ. Йæ къухтæ искæмæн исты дæтгæйæ зыр-зыр кæй кæнынц, уый рагæй дæр зыдта, фæлæ ма кæсæн- мæ бирæ фæкаст йæ хæнкъуытæ сырх цæсгоммæ æмæ хинымæр дзырдта: «Ницы, ницы, бабайы лæппу... Хуы- 164
цауæй дæ амонд нæ фæцис... Кæуыл цы мæгуырыбон æркодта ныр ахæм гæлхæрд сырх цæхæрамæ бабæл- лынмæ!.. У&мæй дæр ма исты хицаугонд уæддæр куы уаин, фæлæ афæдзæй фылдæр — æгуыст. Барæвзар куыстытæй — æгуыст. Æмæ кæсыс, иунæг хуыцауы тыххæй, кæдæмдæриддæр фæфæнд кæнай усгур, уыр- дæм мæхицæй фæраздæр вæййы мæ магусайы ном æмæ сын, цыма, исчи сæ былтæ ракъуыры, афтæ вæй- йы уыцы ныхас фехъусын. Уæдæмæ иу гъæйтт-уыйтт дæр нал, фæлæ скъæфгæ», — ахæм хъуыдытимæ иу- ахæмы Бытъо изæрдалынгтыл йæ хуыздæр хæлар Дже- нардыхъотæм балæууыд. — Уазæг — арахъхъ нуазæг! Кæм стут, кæ, «тæ- гиатæ?!» — кауы сæрты бæзджын хъæлæсæй дзуры Бытъо. Фæхæцын æввонгæй йæм куы иуырдыгæй, куы иннæрдыгæй æрбахъав-æрбахъав кодта егъау сау куыдз. Уый дæр хæдзармæ куыд фехъуыстаид,' ахæм хъæр фæкодта: «Æддæмæ! Стонг бирæгъ дыл хæр- хæмбæлд фæуæд, кæд мæ аныхъуыринаг нæ дæ, къуда дымæг!..» Æппынæрæджиауы дæр ма куыдз йæ рæйынæй не ’ицад. Дженардыхъо æмæ Бытъо та хицæн уаты фæтæ- ген цырагъы мæллæг рухсмæ цывзыджын арахъхъыл гаджидауæй аргъуыдтой æмæ сусæгæй дзырдтой: — Дженардыхъо, иу хъуыддаджы мидæг мæ дæ сæр уæлдæфæй æхсызгондæрæн бахъуыдис, — афтæ дын Бытъо. — Сам жнаеш, алцæмæн дæр, кæй- дæр загъдау, кæрон вæййы. Ныхасы мидæг афтæ баз- зади... Уæдæ! цыбыр дзуаппæй «о» загъта Бытъойы ныха- сыл Дженардыхъо æмæ, цырагъы сæрмæ багуыбыр кæнгæйæ, сцъир-сцъир кодта йæ тамако. Дыууæ лымæны кæрæдзийы цæстæнгастæ æрцахс- той, æмæ сæ иу иннæйы сдзурынмæ æйхъæлмæ кастис, уæлдайдæр Дженардыхъо. Уымæн æмæ йæм уыцы афон Бытъойы æрбацыд диссагау *кастис. «Сæрдыгон даргъ бон ын фаг куы уыдис, уæд мæ дыууæ изæры астæу цæй тыххæй агура?» — хинымæр дзырдта. — Гъемæ уæдæ куыд, Дженардыхъо? Нæ лымæн- дзинад фидардæр фæкæнæм, æви бахъуаджы рæстæ- джы кæрæдзийы дæр мауал агурæм? — ныммыхъхъ- 165
смыхъхъ кæны Бытъо, йæ зæгъинаг æргом бамбарын кæныны бæсты. Дженардыхъо дзы ратыхстис: — Цæй-ма, цы мын зæгъинаг дæ, уый зæгъ, æндæр мын базон-базонтæ цы кæныс... Ахæм цæхгæр ныхæстæй Бытъо дæр фендæрхуызон ис æмæ æваст дзуапп раттынмæ фæцис: — Дженардыхъо, дæуæй хуыздæр мæ ничи зоны: мæнæн лæгъстæтæ кæнын мæ бон нæу, адæм та лæгъс- тæтæ агурынц, æмæ афтæмæй мæ дунейыл дæр хъуыд- даг нæ бакæндзынæн. Æмæ бадгæ та кæдмæ кæндзы- нæн?.. Скъæфгæ, Дженардыхъо! Цогеиы хистæр чыз- джы скъæфгæ! Нæ л»æджы хъæд æмæ нæхæдæг, ме ’рдхорд!.. Дженардыхъо, къухтæ сæры æмбæрц хæрдмæ сис- •гæйæ, дзых ныххæлиу кодта, йæ дыууæ хъолпæг цæсты бынтон ныйирд сты. Раст ахæм хуыз ацарæзта, цыма ныртæккæ ,йæ къухтæ æваст куы æрриуыгъа, уæд фондзыссæдз сармадзаны æмгæрах ныккæндзысты: — Афонмæ дæр афтæ зæгъ! — Æмæ цæуыл ныл- лæууыдис хъуыддаг? Хетæджыстæн, раст абон дæр! Цы боны хорзмæ ма йæм кæсæм, кæд афтæ у, уæд? Бытъойæн æхсызгон уыдис Дженардыхъойы разы- дзинад. Раст зæгъын хъæуы, æн’хъæлмæ дæр æм каст. Уæддæр æнæбафиппайгæ нæ фæцис, нуазæн райсгæйæ: — Бузныг, Дженардыхъо... Æгайтма кæрæдзийы æмбарæм, кæрæдзийæн аргъ кæнæм... Дæ нуазæн дæр бирæ уæд!—загъта Бытъо, стæй сырх бадырджантæ цы тæбæгъы æвæрд уыдысты, уымæ æдзынæгæй нык- кастис. — Ма мыл фæхуд, ме ’рдхорд, фæлæ, æхсæвæй, бонæй, мæ зæрдæйæ нал хизы... Хуыцаустæн! — Æрыргъæв уал æй, сдзырдта худгæйæ, Дженар- дыхъо, стæй ныхас цæхгæрмæ фæзылдта. — Фæндаг- сар уастырджийы тыххæй ма фæйнæ баназæм æмæ нæхи барæвдз кæнæм. А, уастырджи, уæдæ... цы хъуыддаджы фæдыл цæуæм, уый нын æнæхъинц, æнæ- фыдбылызæй бантысын кæн!.. Фыццаг кæркуасæнтæй дыккаджы æхсæн уыдаид, уыцы афон дæр нæма скастис «зæронд» мæй. Æмæ куы скастаид, уæддæр йæ фæлурс тынтæй зæхмæ не ’ркас- тдид: арвыл æнгом бадтысты лакъонхуыз мигътæ. 166
Тарф фынæйæ хуыссыдис хъæу. Исдугæй-исдугмæ мæй- дар æхсæвы йæ сабырæй, мæрдон хъусæй стъæлфын кодтой куитæ сæ рæйынæй æмæ къæвдайы цъиутæ сæ уасынæй. Уайтагъд ставд æртæхты сыр-сыр ссыдис. Бытъо æмæ Дженардыхъо фæстаг ныхæстæ кодтой кæрæдзийæн. — Бинонтæй чи кæм фæхуыссы, уый дæ нæ ферох ис? — ныллæг хъæлæсæй афарста Бытъо. — Арæппын, иу æмæ сæм дыууæ хатты нæ уыд- тæн, æмæ Цогенæн йæ хистæр чызджы хуыссæнуат дуарæн рахизырдыгæй конд вæййы. Ныртæккæ ма йæ мæ уды бар уадз. Ды мæм-иу сарайы гæппæввонгæй æнхъæлмæ кæс. Æхсæвы тары аныгъуылдис Дженардыхъо... Дуары хъæр фæцыд, фæлæ цалынмæ Цоген æмæ йæ дыууæ чызджы сæ тарф фынæйæ хъал кодтой, уæд- мæ Дженардыхъо чызджытæй иуыл йæхи ныццавта æмæ йын йæхи сæрдыгон хъæдздзулæй йæ сæр атыхта. Цæстыфæныкъуылдмæ йæ хъæбысмæ фелвæста æмæ лидзгæ. Заретæйæн ныхъхъæр кæныны фадат нал уы- дис, фæлæ дуары тарвазыл фæхæст. Уалынмæ Цоген, тæрсгæ-ризгæйæ, ныффæдис кодта сыхыл. Скъæфджытæ ноджы фæтагъддæр кодтой хъуыд- дагыл. Чызг ма сарайы цæджындзыл дæр, хъæбыс- кæнæгау, бæргæ аныхæст, фæлæ йæ тыхриуыгъд куы ракодтой, уæд феуæгъд ис, æмæ йæ уæлрæбынкъæдзы царм туг фемæхсыны онг растъыхстис, афтæмæй йæ кулдуары æдде фæкодтой. — Дæхи та ма цы удхарæй мардтай, Цогены чызг, нæ цард иумæ куы уыдзæнис, уæд? Дæ фыны цытæ федтай? — цавæрдæр къленц ныхасæй сдзырдта Бы- тъо, машинæйы гуыффæйы Заретæйы фарсмæ бад- гæйæ. Чызг æм йæ чъылдым сыздæхта æмæ фæсус хъæлæсæй куыдта, Стæй йыл Бытъойы уæззау къух куы æрныдзæвд, уæд æй æваст йæхицæй ариуыгъта. — Уарзгæ дæ кæнын, Фаризæт, — дзуры та йæм Бытъо, — æмæ мæ мауал хурхæй мар. Бауырнæд дæ, хуымæтæджы адæймаг дæм æнæхсад къухæй фæны- дзæвын куыннæ уæнда, ахæм царды мидæг дæ батух- дзынæн мæ хæдзары... Дуне иннæрдæм куы рафæл- 167.
дæха, уæддæр дын дæ зæрдæхудт нæ райсдзынæн мæ амæлæты онг... Цъаммайраг кæимæ ныхас кæны æмæ йæ чъизи ми кæй фæсыкк, уый нæма бамбæрста. Лæбурæгау фев- нæлдта æмæ Заретæйы йæхимæ тых хъæбысæй æрба- хæстæг кодта. Чызг кæуын хъæлæсæй сдзырдта: — Суадз мæ! Иуварс! — Ныууадз, дæ хорзæхæй, Фаризæт. — Кæм уыныс Фаризæты, æрра куыдз?! — Куыд?! Уæдæ чи дæ?! Нæ, нæ!.. Нæ мæ афæлив- дзынæ: ныр дæр ма, айфыццаг Хъуылаты чындзæхсæ- вы куы ныхас кодтай худгæйæ, уыцы хъæлæсы зæл- ланг мæ хъусты нæма банцад. — Иуварс, æдзæсгом! Æз Заретæ дæн, — йæ кæс- тæр хо. — Уæуу,дæ бинонтыхуыздæр куыд амардис, Дже- нардыхъо!.. Уайтагъд мæм мæ зæрдæ дзургæ кодта... Фæлæуу! — кабинæйы сæр тымбыл къухæй æрхоста Бытъо. Дженардыхъо фæурæдта машинæ, æмæ, дискæч- гæйæ, афарста: — Цы хабар у, цы? — Ард дæ хæдзары бацæуæд! Гъа! Марадз, дæхи- цæн æй ’айс! æнæрай дзы скæн де ’скъæфтæй!.. — Куыд тагъд хицæн кæнут? — Хуыцау хорз, æмæ Заретæйыл фæхæст дæ, фæ- лæ Цогенæн йæхиуыл куы ныццавтаис дæхи, уæддæр мын æй хæссинаг уыдтæ, йæ урс фист калгæ?.. Лпдз- гæ кæн, мæ цæст дæ куыннæуал уына, афтæ! — фæ- хъæр кодта Бытъо Заретæйыл. — Ард дæ бацæуæд, кæд къæхты бын цы фæдæ! Заретæ афтид хæдоны, бæгъæввадæй куы азгъорд- та, уæд ма исдугмæ йæ фæдыл акастысты скъæф- джытæ, стæй Бытъо æваст фæзылдис æмæ мæстæй ату кодта. Дженардыхъо дзæвгар фæхъуыста йæхимæ, стæй йæм уыцы мæстыйæ дæр худæг смидæг ис. Автомобилы хъæр ма бæлвырд хъуысыдис, афтæ чызг сæ кулдуарæй фæмидæг æмæ уаты змæст хуыс- сæнтыл йæхи баппæрста, хæкъуырццæй кæугæйæ. 168
— Мæ къона куыд байхæлдис! — бахъарæг кодта Цоген. — Дæхи æгæр ма æфхæр, Цоген, фæлæуу уал, фæ- сабыр у... Мæнæ уал ын йæхи афæрсæм: миййаг, аф- тæ нæу æмæ йæ кæд ницы уыйас бафхæрдтой, — загъ- та фæдисæттæй чидæр. — Чызгæн уал йæхимæ байхъусут, сылгоймæгтæ, йæ фæстæмæ раздæхт диссаг хъуыддаг у, — дзу- ры иннæ. Æхсæвы тар нæма змæлыдис, нæма хъавыд ивы- лынмæ. Фыццаг цы уасæг ныууасыд, уымæ уайтагъд хъæуы алы кæрæттæй бахъырныдтой иннæтæ дæр. — Цы афон бахъавыдысты, дæ хорзæхæй, æдзæс- гæмттæ! — бæрз лæдзæгыл йæ къухтæ æддæгуæлæ даргæйæ, сдзырдта сæ хæрзсыхаг урсзачъе зæронд лæг Дзæхи. — Сæ амонд бахæрæнт, сæ амонд, æмæ сæ не ’рбаййæфтон, æндæр сын æз сæ гуцъатæ бæргæ слас- таин!—мæстыхуызæй загъта Цогены хæрæфырт Къо.— Куиты мыггаг! Циу ныр уый, уæ мад, уæ фыдыстæн?! — Скъæфт раджы уыд лæгдзинадыл нымад, æн- дæр... — зæгъы иу чидæр. Къойæн йæ тъæнгтæ ацагъта уыцыныхас: — Хуыцауыстæн, скъæфт раджы дæр хъæддаг ми уыдис æмæ ныр дæр. Нæ суды лæгтæн та — куыст! — Æнæмæнг дæр афтæ! — иу ныхас скодтой иууылдæр. Уалынмæ сылгоймæгты хъæлæба райхъуыстис ми- дæггаг агъуыстæй: — Гъе, уæдæ уыл хорз æрцæуæд, кæд чъизи тых- мийæ ницы рёуади, уæд... Уыцы хабар фехъусгæйæ, нæлгоймæгтæ рахæлиу сты. Бонцъæхтæм бйрæ нал уыдис. Къæвдайы фæстæ арв раирд, æмæ йе стъалыты цæхæрыл цъæх æртхутæг фæлурсæй-фæлурсдæр бадтис.
ЧИНЫДЖЫ ИС: Диссаджы фембæлд 3 Хъосæджы 12 Дзыгъуыр карк 21 Фæскуыст! 29 Бæлццон к; 36 Тъурийы маст . . • 49 Магусайæн—цæф 60 Къахæвæрджытæ 67 Сæумæрайсом 79 Сафрон 84 Чындз 90 Хæцаг галæн йæ сыкъа сæтты 99 Æхсæны дуар 106 Фæндагыл 111 Хъус 117 Сидонайы налат 121 Марды лæвар 130 Курдиат 135 Хæдивджытæ 141 Гæуысон театры уыдис 150 ГЬгызы дзидза 157 Ивддзаг скъæфт 164
Секинаев Владимир Дзарахович Алагирские картины Редактор А. И. Царукаев. Художник А. В. Петров. Худож. редактор X. Т. Сабанов. Техн. редактор Е. У. Датриева. Корректоры М. Б. Савкуева, В. Т. Дзодзикова Сдано в набор П-1У-1963 г. Подписано к пе- чатн 20-УШ-1963 г. Формат бумаги 84х1081/33. Печат. лист. 8,815. Уч.-изд. л. 7,47. Зак. № 436. Пзд. № 46. Тираж 1500. ЕИ 01556. Цена 37 коп. Северо-Осетинское книжное издательство, г. Орджоникидэе, ул. Гражданская, 2. Республиканская книжная типография, г. Орджоиикидэе, ул. Джанаева, 20.