Text
                    ÆРТООНЫ
ХАЙ
АБАЙТЫ
ЭДУАРД


ÆРТХУРОНЫ Ш ^У Г)/ЛУ I I О ДУАРД Дзæуджыхъæу 2020
ББК 84(2Рос=Осе) А-11 Д-27 Абайты, Эдуард Александрович. Æ/ртхуроныхай[Текст]: Æмдзæвгæтæ / Абайты Эдуард. — Дзæуджыхъæу : Ир, 2020. -191 ф. Абаев, Эдуард Александрович. Крупица счастья: стихи на осетинском языке. 15ВИ 978-5-7534-1657-5 В сборник вошли стихи разных лет. Их объединяет чувство неподдельной любви к своим близким, к Осетии, её величественной природе, гордым и красивым людям... Поэт пишет о времени и о себе... ББК 84(2Рос=Осе) © Абаев Э. А., 2020 © Гаппоева Н. У, дизайн, 2020 © Оформление. ГУП «Издательство «Ир», 2020 15ВК 978-5-7534-1657-5
ИРОН АИВ ДЗЫРДЫ ЗИУУОН Ацы гом арвы бын дзырды цинæй æхцон- дæр ницы ис! Фæлæ, цæмæй «зæрдæйы кæрон ныццæва», уымæн бирæ цыдæртæ хъæуы. Абарсты фæрцы алцыдæр хуыздæр разы- ны. Хъахъхъæнæг, дард арæныл уæвгæйæ, фæхъахъхъæны йæ бæстæйы зæрдæ. Æцæг фыссæг дæр арæнхъахъхъæнæг у — æвзаджы арæныл уæвгæйæ, фæхъахъхъæны йæ адæмы зæрдæ, йæ дзыллæйы фидæн. Не ’мдугон поэт Абайты Эдуард йæ удæй арт цæгъды, цæмæй махæй алкæуыл дæр дзаг- цæстæй кæса ирон дзырды хур. Цал æмæ нын цал ныхасы бахызта рохуатæй, цал æмæ нын цал дзырды раздæхта фæстæмæ йæ уацмысты! Æрми йын сты нæ мадæлон æвзаджы æвæрæнтæ æмæ сæ сфæлдисы æвæджиауы налхъуыт-налмастæ: — Хур фæсхъæдæй рагудзи кодта, Тынуафæн сæрвасæнау — хъæд... — Ацагъгпа дысоны салф Хъæд куыройгæс лæгау... — Мæ къæхшыбын сцъæхдæндаг сур митп, фæрысши, Æууæрдгæ къабускайау, у хъыррысшгæнаг... Эдуардæн табуйаг у æрдзы сыгъдæгдзинад, æппæты уæлдæр æвæры зæххы рæдаудзинад. Мах дæр хъуамæ уымæ тырнæм æмæ хъуамæ фæзмæм поэты: О зæххы бæрзонд хуымæгпæгд.шнад, Æз дæумæ тпырнын æрмæсгп! 5
Абайы-фырты курдиат хæдбындур у, фыц- цаджыдæр, национ колориты фæрцы. Йе ’мдзæв- гæты риуыдзагæй улæфы цард. Уыдон кæс- гæйæ, дæ удыл ивылæн кæндзæн нæ къонайы рухс, банкъардзынæ хъæуы комулæфт. Йæ дзырдтæ кæнынц рагбонты ад, рагбонты тæф: Хъуг мын даргъ къæдзилæй — ехсцъыкк, Акалд цæстытæй цæхæр. Рæуæд асдæрдта мæ бецыкк — Уый, дам, ’нæбары æфхæрд. Бавзар æмæ банкъарай! Бирæ федта, бирæ банкъардта, бирæ зоны Абайы-фырт. Адæймаг æмæ, уæлдайдæр та — поэт райдайы Фыдыбæстæ æнкъарынæй. Эдуард йæ æгæрон уарзты зæрин тæгтæй баст у Райгуырæнмæ. Шедевр ис схонæн мæнæ ацы æмдзæвгæйæн: О Фыдызæхх! Арвы кæрæттыл æрзилдзынæн, Фæлæ мын æнæ здæхгæ нæй дæумæ. Нæй мын æнæ здæхгæ, Кæм хъазыдтæн Хъæл æмæ лæдзæгæй, Къори æмæ селайæ, Куырмæрсытæй, Æмæ-иу æхсызгон фæллад кæм бакодтон Чъиллæттæй, пысыра дæппæлттæй, уырдæм. О Фыдызæхх! Нæй, нæй нын фæхицæн, Куыннæ ис фæхицæн Цъиутæн — бæлæстæй, Зныхæн — æхсонæй, Цас дæ дарддæр цæуын, Уыйас мæм хæстæгдæр кæныс, Хæстæг< )æр... Поэты уырны — Ирыстон фæцæрдзæн мыстæлвылæнмæ, цъиудуцæнмæ, æмæ йæхи 6
цæрæнбон дæр афтæ бирæ уыдзæн, уымæн æмæ цæрдзæнис, Фыдызæххыл йæ удæн ад- джын æмæ зынаргъ цы стыр æмæ гыццыл хæзнатæ ис, уыдонимæ. Абайты Эдуард канд дзырды фæлгъуызтæ æмæ байбынтæ нæ уыны, фæлæ нæ рæстæджы, нæ æхсæндзарды ивæнтæ-фæливæнтæ дæр. Диссаджы дуджы цæрæм! Æндæр планетæ- тыл цард агурæм, нæхи зæххыл та йæ сафгæ кæнæм. Æндæр дунетæ æввахсдæр кæнæм, нæ зæрдæтæ та кæрæдзимæ дарддæр кæнынц. Цивилизацийы маст дыргътæ нын сафынц нæ адæнкъарынад, нæ удхъомысы хæрзтæ æмæ, адæймаг адæймаг цæмæй уыд, уыцы миниуджытæ бынтон скадавар сты. Нарты Сослан, зæгъы, дурæй райгуырд, ныр та дуртæ гуыры адæмæй. Гъе уымæн сулæфыд Эдуард йæ риуы арфæй ахæм фæндиаг: Надзахи, джидæ фæрæтæй амадау, дурсæттæн цæсгæмттæ, дурсæттæн. Цыдæр æгъуыз сæ ныццахст, инджынау. Тæхуды, иу дзæгъæл хъуыды уыл æрцахс! О, абонæй разы нæу Абайы-фырт, фидæн та — æбæрæг фæлмы. Фæлæ йын ис ивгьуыд, ис ын диссæгтæ-тæмæстæй нывæст æвзонгад. Гъе уы- мæн арæх сты йæ балцытæ фæстæмæ; гъе уымæн хъарм кæны йæ уд æмæ мах зæрдæтæ дæр зæлдаг мысинæгтæй æмæ ссары рухсы билць тары: Хъуыды-ма кæныс, Цы бæласы цъиппæй Æмæ-иу кæй бæласы цъуппæй Нæ акастыстæм! 7
Гомкъахæй-иу Мигьты аууæттæ куы сырдтам, Æмæ-иу нæ хур куы ’рбаййæфта?.. Цсергæс цас Бæрзонддæр фæхъавы Уæлæмæ стæхынмæ, Уыйас ныллæгдæр æрбады Зæххыл... «Эдуардæн йе ’мдзæвгæты арæх æмбæлы архаизмтæ, зынæмбарæн дзырдтæ», — ахæм ныхас фехъуыстон цалдæр адæймагæй. Фæлæ, Абайы-фырт æгайтма афтæ хорз зоны нæ ма- дæлон æвзаг, æгайтма йæ уацмыстæм хæссы рохæн æвгъау дзырдтæ, æмæ сæ нæ фидæны фæлтæртæ дæр йæ фæрцы базондзысты. «Ирон адæмæй рохуаты бирæ хæзна-дзырдтæ баззад, — фыста Хъодзаты Æхсар, — Уыдон, нæртон æфсургътау, заманты сау ныккæнды æнæ хицауæй схъæддаг сты, сæхицæн агурынц аккаг барджытæ. Уыцы барджытæй иу у Абайты лæппу, æмæ йын æвæджиауы дугъæттæ басгуых- тысты. Эдуарды верлибртæ сты сагæлвæст, æнæ уæлдай дзырд, цъæхснаг уисау, тасаг». Поэтæн йæхи загъдау, Музæ рахоны «хъуы- дыгуыстмæ», æмæ йын нæ мадæлон æвзаджы дзырдтæ та басгуыхынц ахъаззаг зиууæттæ. Николай Васильевич Гоголь фыста: «Дæхи удмæ ссар дæгъæл æмæ уыцы дæгъæлæй бакæн- дзынæ алкæй уд дæр». Абайты Эдуард ссардта уыцы дæгъæл, йæ уацмыстæ йын чи бакæса, уый, æнæмæнг, банкъардзæн поэзийы ирдгæйы ноггæнæг тых! Къадзаты Станислав
ÆРТХУРОНЫ ХАЙ Мæлын дæр мæ нæ фæнды, Цæрын дæр мæм нæ цæуы. Æз цард æмæ мæлæты ’Хсæн райгуырдтæн быцæуы. Мæ цард æдзухдæр — къахыр, Цæмæй кæна æххæстдæр. Быцæу мæлæтæй къахын, Нæй банцайæн нæ хæстæн. Ис сау тæппытæ хурыл, Гуыбын хъуыр-хъуыраг — хъуагæй. Цæллахъ нæ кæны дурын Йæ тæккæ хъуырмæ дзагæй... Мæ цард æдзухдæр — къахыр, Æдзух цыдæр æй хъауы... Цы ’ртхуроны хай хауы Дæумæ, гъе уый дзы бахæр!..
АФТÆ ЦÆР... Афтæ цæр, дæ фæстæ Хорзæй мысой дæу, Истæмæй дæ хæрзтæй Искæй зæрдыл лæуу. Барджыты ерысы Н’ акъуырдтон æз цъоз, Æмæ мын нæ мысынц Хорз адæм мæ хорз. Дугъæттæй нæ уыдтæн, Дугъæттæй — æцæг. Хъузонæн бæззыдтæн Иу цыбыр дæрддзæг. О, фæлæ кæд дугъы Исчи уыд уæлдæр, Ис дзы уæд мæ тухæн — Иу æвзыст уæддæр... 10
* * * Сасиры чъилтыл ссыд Де ’рмттæн сæ тъæбæртт. Дзуллаг ссад сæхгæдта Арынджы тъæпæн. Сиры дзыхъхъы хуызæн Сдзыхъ кодтай де ссад. Æнхъизæн дурынæй Рауагътай — де стыд. Батымбыл арынджы Надвæллад хыссæ. Урс фынæй арсау, уый Иуафон сыстад. Хыссæйæ равдæлон Мадæн йæ арынг, Фæлæ йæ пумпус дзул Зæрдыл æз дарын. Цард дæр — лыстæг сасир, — Луары нæ зулмæ. Чи нæ у луарæнтæ, Чи та у дзуллаг. Хыссæ æвдылæны Де ’вдулæн баззад. Баззад мæнæй та цы? — Зæрдæйы мастад! 11
* * * Нæ цинæй, нæ мастæй æргом Æгæрдæр фæвæййæм, дзырдхъом. Нæфæтчиагæн исты ныууадз Дæ зæрдæйы рæбын, уæууа!.. Æнтуанæн ма баззайы цырв Бæгæныйы бын дæр гыццыл. Хыссæ ма цæм æрцæуы над, Уым баззайы ’вдулæны ссад. Куынæ-иу баззаид нæ фарн Нæ фæстæ, цы уаид уæд цард?.. Æнæ бынæй ахадгæ нæй Нæ бæркæдтæн исæн сæрæй...
НÆРТОН ЛРДБАХÆРД Лæг райгуырди балцæн, — Куыд-иу дзырдтой Нарт. Лæгдзинады алфæн Зынгæй хæрын ард! Мæ балцыдзон сенк кард!.. Æппæт дæр — лæгæй. Æрцыди кæд ме ’гад, — Мæрдты бинаг къæй!.. Лæг райгуырди балцæн, — Куыд-иу дзырдтой Нарт. Лæгдзинады алфæн Зынгæй хæрын ард!.. Куырдадз. Къуз. Къуынцгомы — Дымд цæхæры цæст. Мынæг зынг нæ комы, Æртхутæгæмбæрзт... Лæг райгуырди балцæн, — Куыд-иу дзырдтой Нарт. Лæгдзинады алфæн Зынгæй хæрын ард!.. 13
ФÆНДАГАМОНД Æз бæлццон дæн, зынвæндагхъус. Цæуы мыл бæхы хуыррытт, цыма хус сыгджын зыгуым бахордта, уыйау... Æз бæлццон дæн, зынвæндагхъус. Атух-ма мын хъæддзауы хæринæгтæ, фæлæ мын фæлмæн ныхас зæгъ, фæлмæн ныхас... Цæй даргъ дæ, мæ фæндаг, цæй даргъ! Цæй бирæ стут, мæ фæндтæ, æмæ цæй уæззау дæ мæ уаргъ! Нæй мын удисынæн дæр рæстæг, нæй... Фæндæгтæ, Фæндæгтæ... Æхснудæгау,
сты разæй халгæ, фæсте —тухгæ... О фæндаджы амонд, цы дæ? Нæ ацыды кад куы вæййы, не ’рбацыды — бæркад... Фæлæ уæ къахихсыдтытыл ныр хъуамæ фæндаджы сæрдæнтæ фæуон: æнцон у ног митыл фæд ныууадзын, над митыл та зын у!...
* * * Хъилхъæдур ивазы хурмæ йæхи, Уæлдæфы ауыгъдæй баззад. Тухынафон ын сагъд не ’рцыди хъил. Судздзæн æй, хъысмæт, дæ азар!.. Раст цыма саби цæуылдæр фæкалд, — Сивæзта мадæнхъæл къухтæ, Фæлæ нæ фæци йæ разы йæ мад 'Мæ сæ кæй æфцæгыл туха! Исдуг мæ уымæн зæрдæйæ фæндыд Йе ’нцой хъæдурыхъил фестын, Фæлæ мæ катай хæрздзæгъæлы уыд: Чи кæлы, уый зоны фестын... Сау хъæлæрдзыйы фæдджийыл фæхæст, Сбырыди къомси бæласыл, Кæрдойы сæрæй йæ, уæртæ ныр, кæс, Чидæр æд кæрддзæмтæ ласы... 16
* * * Калы арв къæртайæ Калæгау — сæх-сæх. 'Нæрынцой къæвдайæ Сси, инджынау, зæхх. Фегуыппæг, фæсыкк и, Раирд кæны арв. Хуры цæст фæзынди — Чъиридзæсты царв. Æз куырм вæййын рухсмæ, Хъæрмæ та — къуырма. Сабыры мæ хъустæ Фегом сты, цыма... Хуры тын — æрæджйау Хорзæхау — хуындзау, — Цæссыгты мырæджы Бахауди, цырвау... Хур йæ цæст ныкъулæд, Найæд хур йæхи. Къæвда æмæ хуры Хорзæх нæ кæй и!..
* * * О зæхх, æрмæст дæ тихалæг дæн æз, Æмæ — дæ артæй фестъæлфгæ цъæнут. Фæлæ, уæззау æргъомау, у мæ хæс Æмæ у уымæн иударон мæ уд. О зæхх, æз дæн дæ зæхвæндæгты рыг Æмæ дæ мынæг арты хъарм фæнык, Фæлæ, уæззау æргъомау, у мæ хæс, Æмæ дын уымæн иударон дæн æз. О зæхх, дæ фыццаг дидинæджы худт Æмæ дæ фæстаг хаугæ сыфтæр — æз. Фæлæ, уæззау æргъомау, у мæ хæс, Æмæ у уымæн иударон мæ уд...
* * * Д’ амонд ’нæбары Къахфындзæй ды ма бакъуыр! Уый куынæ бары, — Зæвæты цæф ма агур!.. Азым чи хæссы, Уый йæхæдæг — азимаг. Цардæй чи хъазы, — Свæййы йæ цард хъазинаг.
* * * Хуыцауы рæтъузæм мах абон къæцæлтæй, Хуыцауы бар нал ыстæм, нал, Æмæ нын æй сисдзæнис искуы нæ сæртæй: — Куы систæм æнæкъуди хъал. Нæ хæры къæдзилмæ ’ввахс сины фыд чидæр, Дзыкку мæм нæ хауы, — æргъиу. Хуыцауы бын махæй уæлбикъон нæу иу дæр, Хуыцауы бын иу ыстæм, иу. Æхсæры аппæй, дам, æфсымæртæ авдæй Фæцардысты иумæ кæддæр. Зæххы къори махæн — нæ чырын, нæ авдæн, Хуыцау нын нæ ратдзæн æндæр. Цыкурайы фæрдыг — зæххы къори — махæн Æрмæстдæр — цæрыны тыххæй. Уый залиаг калмы хъæстæ дзыхæй скъахæм, Уый дарæм зæлдаджы тыхтæй! Уæхи, уæдæ, адæм, Хуыцауы бар уадзут, Хуыцауы бар уадзут уæхи! Кæрæдзийы сау туг нæ зæххыл цы калут? — Ныккалут ыл куысты уæ хид! Уæ царды æвзарты рæнхъ рувгæ фæхæссут, Уæ чъиухиды куыстæй — уæ цард. Ныууадзут уæ быцæу, уæ Хуыцаумæ скæсут, Æмæуæм æркæсдзæн Хуыцау! 20
СÆРИБАРЫ АД Стай. Æрдæгцъынд, цыфæндион... Мачи йæ хъыгдарæд... Бакодта йæ къæхты ’хсæн йæ сæр, цыма, дæлдзæх мæлдзыджыты уынæрмæ хъусы... Фæгæмæл вæййы хатт, цыма, йæ фыны фены сæрибар джунгли, удæгас хъарм туг. Фæлæ та йын йæ фындзыхуынчъытæ ныццæвы сымæры тæф йæ уынгæг оынаты... Хуынихæсгæ та йын æрбакодтой хæдмæлы æнæхъæн æвдасарм, мурзæг... Ныррыхыд. Æрмæст уый рыхын нæ уыдис, фæлæ тæригъæддаг уынæргъын... Æмæ та æрдæгцъынд, цыфæндионæй бакодта йæ къæхты ’хсæн йæ сæр... Цæй хорз дæ, цæ, мæгуырæй дæр, сæрибар, цæйнæфæлтау хæрх царды уай мæгуыр!.. 21
* * * Хус сыфтæртæй лыстæныл тымбылтæй Куыдз хуыссы — æнæхицау, цъынддзæст. Худынц хъалтæ, акъуырынц сæ былтæ, Срæйынц ыл сæ хъал куыйтæ — æфсæст. Ма кæнут, æнæфæныкæй хъалтæ, Хъал бонтæ дæр бакалы Хуыцау! Цард — æгъатыр. Чи фæхъазы цардæй, Уый кæны куыдзы бынатмæ цард... 22
ТЫХДЖЫН ДÆ, ТУГ... Мæ кæуындзæг хъуыры æлхынцъæй фæбадти: Йæ кæрдзыны пом дæр куынæ зоны саби. Ысдойны, ныйирд сты йæ цæстытæ донмæ, «Æри дон» зæгъын та иронау йæ бон нæу. Гъе, афтæ нæ рæзгæ сывæллæтты уарзæм, Æрмæстдæр — «кæстæрæй дон нуазæм, дон нуазæм...». Нæ арфæйы «донарæхæн — дæ цард» хъарæм, Фæлæ сæ мах афтæмæй дойныйæ марæм... Былдауæн сын акæнæм не ’взаджы мыртæй, Мæлæг удæн донæй куыд сæрдай йæ былтæ. Æсуадзæм сын, гормæттæ, суадзæм æмбойны Сæ мадæлон æвзагæй, уæдæ, сæ дойны!.. Сывæллоны дзыхæй куыд æлвасыс уидыг! Дæ тала бæласæн куыд марыс йæ уидаг! Уый чи загъта: «Иуæн дыууæ дæр æфсад у!» Туг тугæй нæ ивынц. Тыхджын дæ, туг, сабух!.. 23
* * * Атахти стъалы, æрбайсæфт... Уый кæд ыстъалы нæ уыд, Фæлæ цæхæркалгæ ахсæв, Рухс зæдау, атахт дæ уд?.. Гом рудзынг. Сусæн у, сусæн... Ахсæв мæ зонд у къуырма. Ахсæв мæ зæрдæмæ хъусын, Уый мæм нæ хъусы нырма...
* * * Куы фæкæнын монцкаст, уæд мæм афтæ фæкæсы, цыма мæ цæстыты бацæуы арв... Фæкæсын æмæ фæуадзын мæ мондæгтæ, фæидзæлын. Фæкæсын æмæ фæлдурæн фæкæнын мæхимидæг, уыцы æмхъæлæсдзинады, уыцы фидыцы, æндæр ницы свæййы мæ бон... Куы фæкæнын хъуыды, уæд мæм афтæ фæкæсы, цыма кæрдæджы агурын судзины бынæй судзин. Цыма мæ цæстытæ бацæуынц зæххы... Фæуынын, фæлæ цы фæвæййынц, ныртæккæ дæр ма цы фæлдурæн кодтон, уыцы æмхъæлæсдзинад, уыцы фидыц, æрмæст мыл цæй бон цыдис, уыдон? Æвæццæгæн, 25
куы фæкæсынц цæстытæ, уæд нæ фæуынынц!.. Куы фæуынынц цæстытæ, уæд нæ фæкæсынц!..
* * * Арв ферттив-ферттив кæны, нæ уатмæ, цыма талынг къуымы цæгъдынц дзæнхъатæ... Арв ферттив-ферттив кæны, нæ нæры. Змæлы цавæрдæр хъуыды мæ сæры... Нæ — нæрын фæразы арв, нæ — уарын. Уый, мæ хъуыдытау, хи лæмары. Арв, ныццæлхъытæ кæн, къæвда, фемæхс! Ехх! Дæ удхайраг хъуыдытæй фервæз!.. 27
* * * Йæ хæдзары чи никуы сызмæста сир, Йæ дзыкка кæмæндæр уый фаудта, Цъæмæлæй ысхъæл у мæнæуы æфсир, Сæркъул у, сæрныллæг у дзаг та... Æхсныфтыл бæгæны нæ фыцы, фæлæуу, Афтидæй хъæр фæкæны дурын. Нæу адæмы номæй æнцон дзурæн, нæу, Йæ адæмы номæй лæг дзуры... Зиу ракодта халон, сбадт къуыппыл, хъæлæкк, Мæрдтыдзыхæй уасы дæлæмæ. Йæ’ адæмы номæй лæг фæдзуры, лæг, Йæ ныхас та хъуысы дзыллæмæ... 28
ХИ ЗАРÆГ Кæд æмæ, халонау, хъуахъхъ кæнын, Уадз, уæддæр хи зарæг акæнон. Уара мит, кæнæ та ма уара, — Митыцъиу «мит-мит»-æй базары... 29
УÆЛКУРДИАТ — ÆРДЗ Ныв кодтай ды дæ удтæмæнæй уарди, Йæхицæй дын нæ рауади хуыздæр. Хуыцауæн кув, кæй дын фæци йæ халдих, Кæй йæм бацыдтæ иуцасдæр хæстæг... Рæсугъддæр дын нæ рауайдзæн, уындджындæр, Джелбетт сфæлдисæг не схæссæг æрдз у. Цæххæй ма цæхх кæд фæци, зæгъ, цæхджындæр, Цы ма вæййы хæбизджыны сæр цъупп?.. Уæлкурдйат — æрдз, йæ артæстъæлфæн — уарди, Дæ уæлтæмæны базырты пæр-пæр. Икарау, хурмæ тырн, фæлæ йæ артæй Дæхи ды хиз, куы баввахс уай æгæр... 30
ЗАРÆГ НОГИРЫЛ Дæ кауынкъул, æлыгбын къæстæ систы Уæладзгуытæ, сырх агуыридур систæй. Цъыфдзаст æмæ хуырбын кæм уыд зын дуджы, Уым аскъуыди дæ хоры мыггаг тугыл. Æфтау æфсир, мæ райгуырæн Ногир, Дæ цард, дзыккайау, равдылæд, Ногир! Æрмæстдæр иунæг къахдзæф ис æвзæрмæ, Æмæ-иу кæн дæ аууонæй дæр ’фсæрмы. Хъæбатыр тæхæг Остъайы-фырт уайæд Дæ цæстытыл, мыс Дзаттиаты Буткайы!.. Æфтау æфсир, мæ райгуырæн Ногир, Дæ цард, дзыккайау, равдылæд, Ногир! Дæ авдæнты дын узæд Терчы ирдгæ Куыдзæгты, Гристы, стæй — Геор, Нафиты... Таймæзтау тонæнт с’ авдæнты тъæпæнтæ Дæ кæстæртæ Олимпаг стыр хæтæнтæм. Æфтау æфсир, мæ райгуырæн Ногир, Дæ цард, дзыккайау, равдылæд, Ногир! Руслан дын, Къомиан, ахæм амонд ’рхæссæд, Дæ кæстæрты зонд стъалытæм æххæссæд, Æрмæст-иу сæ дæ цъæх нæууыл нæуæгæй Æрфæндæд хъазын хъæл æмæ лæдзæгæй... Æфтау æфсир, мæ райгуырæн Ногир, Дæ цард, дзыккайау, равдылæд, Ногир! 31
* * * Æрбадтæ нæ хъугæн йæ быны Мæхи арæзт бандоныл ды, Дыууæ урс æхснудгæ тæбынау, Ныллæууыдис æхсыр уырдыг. Æхсырæй фæлмæнгонд фæдджытæ,— Дæ уырзтæ сыл хъавгæ хæссыс. Йæ урс цæкуыпумпус фынчытæ Ысхæссы йæ сæрыл æхсыр. Куы та фæци бонæн йæ урс хал Зынг хуры къуыбылойыл тыхт. Уыдзæн та нæ хæндыджы урсаг — Ахъаззаг ахуыйæнæн цыхт. Нæ род дæр сылыйæ ныллалым, Хъылдым кæны мады цæстмæ. Йæ мад та йæ бæркадæй хъал у, Фæци дзы суанг гæды хъæстæ. Кæд афтæ зæрдиагæй рагæй Уый не сдæрдта къæртт цæхх? Ныххауд, Ныдздзыхъ ис йæ ардуан æвзагæй, Цыма йын ныр скодта цæххад. Æрхуыссыд, ныуулæфыд хъуг, Æрцыд, цыма уымæн йæ уд. Стæй нал райхъуыст скъæтæй уынæр, Æрмæст ма уый цагъта сынæр. 32
* * * Уæ бæласы цъуппыл Уæ хуымæллæг — цупал, Æххæстцæттæ. Бæхбадт ыл ыскодта, Йæ ивæзт мæцкъортæ — Æгъдæнцæйттæ. Уæ хуымæллæг уæлæ Куы згъæлы дзæгъæлы, Ныр цал азы!.. Чындзæхсæв нæ кæныс, Æлутон бæгæны Уым баназин. Ныгуылгæ хур задын Цыма у мæ мады Цæрвæхсидæн. Уæ хуымæллæг— фезмæл — Фыцгæ агмæ фезгъæлд Зæрæхсиды!..
* * * Диссаг куыннæ у уый. Скæс-ма, Сфардæг æхсæрдзæны кæсаг. Дон æй фæстæмæ æппары, Гъе уæддæр быцъынæг хъары. Сæмбæлы айнæг къæдзæхыл, Фæлæ та фестъæлфы, стæхы, Сæмбырд та кæны йæ тыхтæ Знæт донæн ногæй йæ ныхмæ. Донæн йæ гуырæн ыссардта Æмæ дзы еугæф фæкалдта. Хъуамæ йæ зæйцы сæраппонд, Уыцы ран амæла абон... 34
* * * Ныр тагъд уыдзæн сусæн. Дæ дзабырты хъусты Кæд кæрдæджы мыггаг ныккалд, Дæ цæвæг уæд рацæгъд, Æмæ бон æрбацъæх, — Дæ уис хæссын райдай, лæггаг. Æзноны къæбæда, Цæвæджы къæбæлау, Ныффидар у, ма сæтт, æмæ Æртæфст дыл дæ фæллад, Æрулæф-иу, фæлæ Куыствæллад куыст сафы æрмæст. Дæ уис хæсс кæронмæ Ды абон дæр, знонау, Нæу бон, хосдзау, тæвд сæрд. Цы кæрдæгæй фехæлд Дæ цæвæггом, гъе уæд Уый уыцы кæрдæгæй ныссæрф...
* * * Мах дын — цæджындзтæ, ды — аххæрæг, Иумæ ныл фидар хæцыс. Демæ ныл не скæндзæн ахæрæт, Астæуцæджындз дæ — нæ ныфс. Мах дын — æндзæлмттæ, сæ уæлæ та Ноджы уæладзæнтæ уагъд, Уыдоныл калд та — æхсæлытæ, Æлыг сыл — къулæгæй над. Æлыгыл — къæйтæ уæлувады — Иры тъæпæнсæр хæдзар. Уæлхæдзар хуртуан æнувыдæй Хъахъхъæны лæппу-бындар. Зилгæ уæззау æлхуый рауадзы Уæлхæдзарбылæй гыцци. Аскъуыд тæбын æндах: «Марадз-ма!..» Æлхуыймæ лæппу фæци... Гайлаг рæуæдæй бæрæг нæу, цы! Къодах — йæ фыццаг цæфæй! Рауайæд Ирæн æцæг лæг дзы Къонайы хъармы тæфæй. Самайæм иумæ нæ мæсыг дæр Х^едзарæн, фидар гæнах. Фæлæ-иу хъуысæд æппæт сыхтæй Гъе ’рмæст чындзхасты гæрах... 36
Фестæд дæ уæлхæдзар хъазты фæз, Зарæгæй тонæд дæ цар. Къæсæртыл æнцайæд уарзты уæз, Хизæд дыууæрдæм ыл фарн. Мах дын — цæджындзтæ, ды — аххæрæг, Иумæ ныл фидар хæцыс. Демæ ныл не скæндзæн ахæрæт, Астæуцæджындз дæ — нæ ныфс.
* * * Чысылæй дæр æз буц митæ нæ уарзтон, Фæдджигудзи мæ цæстысындз уыди. Мæ пæртфындз-иу мæ дысæлгътæй æз марзтон, Нæ Терчы уыртыл гомвадæй — уæфти. Нæ сæрдмæ-иу нæ хъæцыдтæн æрхъæцмæ. Æвæлмон сæрд. Гаккырисæй дзы хъаз! Уыд Терчы уылæн уæд мæнæн мæ хъæццул, Мæ нывæрзæн йæ дзæнхъадур — мæ баз. Мæ быгъдулæгдон Теркæн уыди йе змис, Йæ лакъон мын — гуккугæнæн «хыссæ». Нæ зыдтон балхæрд, тутахæрдæй ме ’фсис, Змæст — куадзæнайчы ахуырсты хуызæн. Æмæ мæм кæс — хæйрæгау дæн æвиллон — Бал, тута æмæ лакъонæй ызмæст. Кæд-иу нæ цыд мæ цæсгомæн йæ чъиллон, Уæддæр сыгъди мæ удрухсæй мæ цæст. Æмæ-иу Терчы зарынмæ хъырныдтон, Мæ къахы бын сæгъы бага нæ саст, Æз — цардбæллон. Цæмæты-иу бæллыдтæн!.. Цыма нæ уыд зæххыл нæ — хъыг, нæ — маст. Куы ницыма æмбæрстон æз, уæд цардтæн, Куы бамбæрстон, мæ цард та уæд фæци. Куыдфæнды фод! Мæ цард тæхы ныр дарддæр Дыууæ базырыл — сау маст æмæ цин. 38
Куыдфæнды фод! Мæ сабибонтæ мысын! Куыройвыдау, къæртлæхурд кæны дуг. Кæддæрау Терчы абухын нæ хъуысы: — Æвæццæгæн, нывыл бакуыста духъхъ... Терк нал æвæры лакъонæй сывæлдæг, Сывæллонæй дæр сафтид ис — быгъдæг. Бынæй йæ, охх, куынæуал уа ызмæнтæг, Уæд ма сæрæй куыд кæндзæни сыгъдæг?!
* * * Терчы уынæргъын мæм рудзынгæй хъуысы. Радымдта... Уый кæд ивылдæй йæ донвæдæй дысон Ратыдта?.. Цъитивæдджытæй-ма йæ, уæдæ, ратон, — Саггомы, Донау, нынныгъуылди. Цъити йын ратты Цардхъомыс. Райгуырæн зæххæй фæхицæн мæнæн дæр Афтæ нæй, Дуры хъæбысы куы райгуырон, уæддæр М’ авдæн у. Бауырзæн æй кæнон æмæ æмбуар уæм, Бауырзæн, Науæд æй зондæй куыд ис, куыд, æмбарæн, Бауарзæн?.. Фаг мын кæд не суой уарзынæн науæд Уыдæттæ, Адæм куыд фæзæгъынц, уа ма дыл хъуамæ 'Мбудæнтæ... 40
МÆ ФЫСЫМ Фæдæн сæм фыдæхсæв, Мæ цæстытæ — гом. Мæ хуыссæг цы хуыснæг Фæхаста æргом? Мæ фысым, дæу мысын: Фынгæн дардтай д’ арм. Мæ цытæн хæцыдтæн Дæ нуазæныл дæр. Сæ диссаг — сæрисгæ Фæрæткарст фыдджын, Уæддæр мын нæ хъæбын — Зæрдæскъæф адджын. Фæтевзæ дæр уе ’взæрст Хъуымацæй уыд хуыд, Кæд исчи уæ хъисджын Зыгуымыл хуыссыд... Мæ тъахтин мæм тахти Цæстуайæн сæнтты. Мæ хъæццул — мæ фæддзу, Мæ мады рæтыд. Уым тавс и! Йæ уафсы Куы ма ис, куы, тавс. Рæбынæй нæ мынæг Фæнычы та цас?! 41
Сæ рудзынг фæрухсдзыд, Ам хур дæр — æндæр. Бон — дзир-дзур. Фæлидзон, Фæхæссон мæ сæр. Мæ хъиутæ нæхимæ Куы хæрын. Нæ къуым! Мæ хуыснæг æд хуыссæг Уым раздæхдзæн, уым...
РАДЖЫ СТАГ — ÆВÆСМОН Карк нырма нæма ратахт йæ бадæнæй, Куыдз тымбылтæй къæсæрыл хуыссы. Иу цъиуызмæлæг нæма ис адæмæй, Уасджытимæ ’рмæст дæ хъæр ыссыд. Раджы стаг — æвæсмон. Хъуамæ бонрæфтæм Ды фæуай дæ фæстаг уис дæр хаст. Де ’хсæвæй цы атонай — дæ бонмæ ’фты, Уый та — цардмæ. Уасджытимæ раст!.. 43
ФЫДЫМАДЫ ХУЫД ДЗАБЫРТÆ Фыдымады уафсбын, рæтыдуæлфад дзабыртæ Мæрдты дæр уæнт мемæ. Фæцыдтæн æз уыдоны хъавгæйæ, сабыргай, О, ацы дунейы. Куы дзы цæуон, гъе уæддæр — сабыргай, ’нæхъинцæй, Мæ дзабыртæ — фæсдуар: — Фæнды мæ, мæ фарсмæ куыд нæ уой æнæхицау, Куыд сæ зона кæстæр... Уæфстæ хуыйынæй-иу куыд фæхуынкъ ис йе ’нгуырстуан Гыццийæн, уый зоной. Фæнды мæ, куыд аргъ кæной кæстæртæ се ’нтыстæн, Сæ абонæн знонæй. Фыдымады уафсбын, рæтыдуæлфад дзабыртæ Нæ хæссын æз мемæ. Фæлтау-иу мæ ауадзут гомвадæй сабыргай О ме ’цæг дунемæ!.. 44
ÆУУÆНДЫН ... Æууæндын къæдзæхрæбын суæртты сыгъдæгыл, Æууæндын уæлхох уыгæрдæнты кæрдæгыл. Æмбарын зымæгон æз бирæгъты катай, Бæрзондæй хи цъиусур куы рауадзы фатау. Æмбарын, хæрæгсындз дæр а-зæххыл хорз у. Æууæндын, рынчынæн та калмы марг хос у. Фыдæлты хæлд мæсыджы дур дæр мын хъарм у, Мæ зæрдæмæ уымæй дæр адджынад хъары. Сывæллоны ’нæхин цæстытæ — кæсæнау, Мæ удæн цæмæн ысты уыдон рæсæнуат? Сыгъдæгдæр у цъитимæ хæстæг цæугæдон. Зæрондæй цæмæн свæййы бирæ сывæллон?.. Мыггаг дæн æз ацы сыгъдæг зæххы хуымæй Æмæ йæм фæстæмæ дæр фездæхын уымæн... 45
ХЪУГ Арфæтæм мæ фыд фæци, Бахæцыдис ыл фырцин! Уый хæрзæггурæггаг тахт: «Хъуг ныззади, марадз, тагъд!» Нал лæууæм æрхъæцмæ, нал: «Фенæм, цом, сыл у уый, нæл, Урс у, сау у, сырх, зыгъар?..» Нæу уæлдай нын, у зынаргъ! Хъуг нырма — фыццагзæддон, Мад ын бадардта зæддон... Фыццаг дуцæнтæ — хъуымыз, Род дзы скалдзæни йæ хуыз. Ныр хъуымызæфсæстæй, — цъынд, Хъуг дæр — дыгъд, йæ уд æрцыд... Ссæуы æхсыры сыр-сыр, Уый йæ сæрыл фынк сысы... 46
РАЙСОМÆЙ РАДЖЫ Цæй æмæ — растæм Кæрчытæй раздæр, Кæрдæг æртæхыл кæрдгæ у! Райсомæй раджы Хуыссæг у адджын, Фæлæ сæумæйæ цæугæ у... Мæнæ хъæсдарæг, Мах дæ хæс дарæм, Цагътам дыл комхæлд цæвджытæ! Нæй мын, нæй сæфæн Демæ, мæ цæвæг, Скодтай мæ цард мын цæрвджындæр! О фæлæ, чидæр Нал кæны читт дæр, Сызгæ фыды цæвæг, багам. Схъæрзы хъæсдарæг, Цыма у хъарæг. Нал хъæуынц цæвæг ’мæ лангам! Фырт — цырт йæ фыдæн. Цы уыдзæн фидæн? Кæстæрты зæхх ныр нæ хъæуы. Исты æнхъæлæй Худыс кæлкæлæй, Æз та дæ худынмæ скæуын... Сиды хъæсдарæг, Мах дзы хæс дарæм, Рацæгъдæм не ’ппæрст цæвджытæ! Цыма мæ уистæ Зæрдæйы ристæй Фыст æмдзæвгæйы рæнхъытæ... 47
МАДÆРВАДÆЛТÆ Рагæй дæр, мæ сабидугæй, Æз нæ халын м’ ахуыр: Мадæрвадæлтæм та суадтæн Терчыбылты къахæй. Хæдзарæн йæ дойнагдуртæ Æз сæрфын мæ армæй. Алы дойнагдур дæр мын дзы Адджын æмæ хъарм у. Фæлæ мæм æнхъизæнæйдзаг Къухтимæ нæ разынд Мады мад, лæпиргæцæст гуыл Н’ авæрдта мæ разы. Уатон рынчын Гагылен-иу Уазæджы æфсæрмæй Фистæг цонгæй балæууыди Уæларынг фæстæмæ. Рагон мысинæгтæй ма дзы Урс чылауи баззад. Терчы ’хсад хуыры хуызæнæй Уый æрзад ахъаззаг. Царв æмæ мыдæй цыма у, Уыйау дзыхы батад. О фæлæ, цæмæн баззади Зæрдæйы та мастад? 48
Битартæ, цъæхсæр галуантæ Сыскъæрут Хуыцаумæ, Фæлæ мын мæ урс чылауи Ма баивут сауæй!.. Сомбон дæр нæ фехалдзынæн Раздæрау мæ ахуыр. Мады цæгат, суайдзынæн та Терчыбылты къахæй...
СЫХАГ Хурæскасты размæ дæр уал Лæг сыхаджы фены. Хурныгуылды фæстæ ма дæ Фенын æз мæ фыны. Фæскъулæй дæ дзæбуджы хост Уыд мæнæн мæ сахат. Кæд ныллæууыд уыцы райсом Рæстæг дæр фыццаг хатт?! Хъæсдарæгыл куырдон дзæбуг Баззади фæрсылæй. Хойгæ-хойын нал фесхъиудта, Ныр лæууы æмырæй. Акалд æмæ амардæн, дам, Хос куы нæй Хуыцауæй. Ацы царды никæмæн ис Ирвæзæн адзалæй... Ракалди зæронд тулдз бæлас, Талатæ ысуагъта. Цард цы у æндæр уæдæ-ма, Хорз фæд уый ныууагъта!.. Фæскъулæй та райсом раджы Дзæбуджы хост райхъуыст. Фезмæлыд та уый мæ сахат, Лæппутæ, ут райгуыст!.. Хурыскасты размæ дæр уал Лæг сыхаджы фены. Хурныгуылды фæстæ та дæ Федтон æз мæ фыны.
ХОСГÆРСТЫ Мæ цæвæджы риуыгьд мæ зæрдæйы цæфимæ сиу. Зиу ракæнæм, лæппутæ, ракæнæм, лæппутæ, зиу! Уыгæрдæны кæрдæг æмгуыдын æркодта фырзад, Нæ цæвджытæ исæнт кæрæдзийы дзыхæй сæ зард. Хал халæн æххуыс у, хал халæн æххуыс у, æххуыс, Æмæ кæд мæнæн дæр дзæгъæлы нæ уаид мæ куыст. Нæ уыгæрдæн — денджызау, диссагдæр ма дзы цы уа! Нæ уистæ — уылæнтæ, кæрæдзийы сурынц, цыма. Мæ дысæлгътæй асæрфтон ныхæй дыууæрдæм мæ хид, Æхсызгон фæлладæй æруагътон мæ уисгæрон хи, Фæлæ нæу куысты кæрон, арвмæ уыдзæн ныр мæ каст, — Куыд ива арв, афтæ мæ цæсгом дæр ивдзæни раст. Къæвдайы хур бæстæ куы кæны дзæгæрæг, тæппал. Æрбацæуы къæвда, æвзистцæфхад бæхау, — цапуал. Æрбахæстæг хурхæтæн, хурджын вæййы уæд, бæргæ, Фæлæ уал ныртæккæ куы зæхмæ кæсын, куы — хæрдмæ... 51
* * * Цъæх уалдзæг та райтынг, Æрыздæхт зæрватыкк, Уый ногæй æрцахста Йæ фароны ахстон. Ныттыгътам дæм тæрттæ, Нæ хæдзары дуæрттæ, Цъæх уалдзæджы фаззон, Нæ бинонты уарзон! Фæлтæхæг зæрватыкк!— Уый махмæ зæд бады. Ды махæн дзуар дæ Нæ фыдæлтæй уартæ. Æмæ дæм æз кувын, Лæгъстæйæ дæ курын: «Йæ кæронæй зæххæн Дæуау хъæмæ здæхын Нæ бон цы уа, ахæм Æххуыс бакæн махæн!..»
* * * Цъупп чылауи хорз ыссау и, Диссаг у йæ фырзад. Фæсгæрæнты тонæм рæтты, Дзыппытæ — æмыдзаг. Бур æхсынцъы. Чидæр сæнцъылд. Уый нæ мыд у, уаих!.. Тута — саутар, марадз, айтау Кæттаг, бæлас бауигъ! Нал сæ хæрæм ныр, дзæгъæлы Фезгъæлдысты уартæ. Дзыхæй тута кæнынц тутæ ’Нæфæныкæй хъалтæ. О, гуыххæлтæ, дитмæ хæстæг Сины фыд нæ хæрут! Мах, дам, фендджын стæм!.. Фæсденджыз Дыргъ хуыздæр æнхъæлут? Бур æхсынцъы. Цæсгом сæнцъылд, Бæласмæ ныцъцъынд и. Лæппу, ма кæ, нæу хи туагæй Искæй мыд адджындæр!.. 53
ХОСЫ ТÆФ Нæ хосы тæфæй адджындæр Мæнæн нæ уыди раджы дæр. Мæрдтæм дæр мын нывæрзæнæн Ды хос-тъыфыл нывæрдзынæ. Бæргæ, куы кæсин ме ’уæны... Мæрдты дзæнæтыл не ’ууæндын. Нæ хосы сæр куы фæхуыссын, — Вæййын дзæнæты хъæбысы... 54
* * * Мæстæй тыфылтæ Ма кал бынмæ: Хос дæм тъыфылтæй Сдæттын, бæргæ... Баззад нæ размæ Дзургæ хæзна: Азимаг растмæ — Азымхæссаг. Мæкъуыл дæ узы, Зилы дæ сæр? Нæ, уый бындурзылд Кæныс, æвзæр!.. Æмæ цы фыцыс, Уæлæ мæгуыр, Арвмæ æрцындзыл Амай мæкъуыл!.. Уазал фæнычы Къæхтæ куы уой, Сæр уæд фæрынчын, Сæр уæд — дæ кой...
ÆРБАЦÆУЫ УАЛДЗÆГ Дысон рауарыди мит, Абон арв, сæгъдзæстау — ирд. Сойдзыларау — хуры цæст, Бæлæстæй ма уары ’рмæст... Мæнæ бæстæ фестад дон. Зымæг, ницуал у дæ бон! Уалдзæгæй дæм ’рбакалд раст Галы комытæфы йас... Кæс, ныддадæг ис нæ хос, Хатт æм нал фесмудынц фос. Сты сæ зæрдæтæ æддæ, Нал сæ уромы бæттæн. Силлæг, схъылындзы ис цъиу, Разылдис мæ сæрыл цъил Дыууæ афоны æхсæн. Хох, дам, у, зæгъынц, къæсæр... 56
* * * Къæвда арвы джезæйæ Фемæхст, цыма чыссæтæ. Хуры чызг æвзист калдта! Уый та хур йæхи надта. Баззади рыг тулатæй Æртæхты цыкуратæй, Не сси цыма не ’фсинæн Иу хыссæваг йе ’нхъизæн. Фæлæ къæвда уый фæстæ Рыджы хыссæ сызмæста. Уарыд, фæлæ хур нæ каст, Цыма йын цæстыдæй тарст.
ИВДЗÆН БОН Хъаз йæ къах уæлæмæ исы, Сæр йæ базыры бын конд, Гæды пецы сæрмæ хизы, — Ивдзæн уазалырдæм бон. Мит мæ къæхты бын — хъыррыстæг, Арвыл — ирд къæлæсы мæй, — Ахсæв ’нæ тъæнджытæ хъызтæн, Хъызтæн ’нæ тъæнджытæ нæй. Мигъы къæм фæзынд Хъæриуыл, — Уарынмæ æнхъæлмæ кæс. Бирæгъ хъæумæ хæстæг ниуы, Зымæг уæд уыдзæни хъызт. Æрдзы змæлдыл æз æууæндын,— Æрдз — мæ ис æмæ мæ дис! Кастысты фыдæлтæ уæны, Уый сæ арвайдæн уыдис. Ныр кæсæм мах интернеты, Нал дæр арв уынæм, нал — зæхх. Ц’ абухы, цы змæнты денджыз? Уый йæхи кæны сыгъдæг... 58
ÆРТХЪИРÆНЫ Хæрдмæуараг мæй, æртхъирæны, æппары пирæнгæмттæ йæ пирæнæй. Кæны ма йæ тымыгътæй расыллынк-басыллынк, æрбаппæрста мыл йæ митæй басылыхъ. Æвæццæгæн, йе сæфт, йæ мæлæт базыдта æмæ йыл уымæн базад, мæлдзыгау, базыртæ. Кæмдæр, дам, сты махмæ фæндагыл мæргътæ — нæ фæлтæхæг. Æмæ йæ фæрстæ дæр атонæд, зымæг, ныр дæ фæлгæтæг!.. 59
ЗЫМÆГОН ХУР Хур нæм ныккасти æдзынæг, Дзаг цæстæй зæхмæ ныккаст. Ратагъд æрæгмæ тæдзынæг, Дысоны хъызтæй фæтарст? Æхсæвы ирды фæрчытæ Кодта, къæркъадæвдæг хъызт, Фæлæ ныр ихын фæдджытæй Митдон уæгъдвæдæгæй мызт. Хуры хъарм къулрæбын сæмбырд, Цыма чырвазы йæ пырд, Æви фæтагъди æхсæмбал Уымæн йæ цæхæрæй ныр? Хурзæрин, мах стæм дæ уазæг! Кæрчытæн хурварс — дзæнæт. Хурмæ — цъынд, дзуллагбадт уасæг, Нал дзы ис кæрчыты мæт. 60
РАБОН КÆНЫ Рабон кæны? Рухс цæмæн у афтæ? Уасджытæ цæмæн лæууынц уæд хъусæй? Зæдтæ нæм æртахтысты ’мæ бафтыд Бонцыбырыл уыдонæн сæ рухсæй? Рабон кæны? Рухс цæмæн у афтæ? Залты мит ныууарыд дысон, залты! Миты рухсæй боныл, цыма бафтыд, Фæлæ нæу уый уасджытæм нымады...
* * * У арвæрдын фæтдзæгъдæны хуызæн, уæззау гуыдын мигътæ спапылой кодта, æмæ сæ дымгæ хæхты цыргъытыл пиры. Изæрон хур хæхты æвзист сыгъзæринæй ивы. Æрвгæрæттæм адард уæвæг хърихъуппыты, базырты змæлынау, кæны бонивайæны дзир-дзир мæ цæстытыл хъыдзы-хъыдзы. Æхсæв — сылгоймагау — йæ къабайы сæндзæфтæ боны урс зæнгтыл уадзы, æмæ цæстуынгæ æцæгдзинад кæны æгъуыстаг, сусæггаг, зæрдæскъæфгæ...
* * * Тæлфаг, фыдхуыссины бынæй Куыд лидза урс гобанæмбæрзæн, Мæ бынæй афтæ лидзы хур Æмæ мæ мисхал дæр нæ фæрсы... Йæхи нæуæг фæлдæхт хуымгæндæй Куыд сиса урс бæлæтты бал, Йæхи та афтæ исы бон Æмæ мæ мисхал дæр нæ фæрсы... Фæстаг хур хохы цъуппыл банцад, Сæрзæды, урс хæцъилау, у. Фæцæуы боны хуызæн цард Æмæ мæ мисхал дæр нæ фæрсы... Хур акъул. Годзкъæхтыл лæууæгау, Мæ аууон ахауди, ныддаргъ. Æви у зул цæстыты фау? Æмæ мæ мисхал дæр нæ фæрсынц... 63
* * * Мæ цым та æрцымдта Сæуæхсиды сырх. Йæ гага — йæ рагарт— Йæ зынгæй ыссыгъд. Уæлхъæдæй рæгъæдæй Ныр рагæй у цыд. Фæрдгуытæй фæкуыдта Йæ гагатæ цым... Æнхъæлдæн, æнхъæлмæ Æгæр мæм фæкаст. Ныттар и сырх дари — Мæ цин æмæ маст. Зæрæхсид — цæрвæхсид — Æрвгæрон ыссыгъд. Мæ цымæн та, цыма Æз райстон йæ сырх...
ХУР, КÆМ ДÆ? Инджынау, фелгъæд къæвдадонæй мæр, Фæцъæх ис зæрдæ ’нæрынцой къæвдайæ. Кæд денджызтæ ыссыдысты хæрдмæ, Æви нæм хур, æвæццæгæн, тæргай у. Æмбисбон ссыгътон хурмондагæн рухс, Фæлæ нæ кæсы уыцы хур зæрдæмæ. Мæ цæстытæ кæмæ ныйисты урс, Гъе уыцы хур мын ратт, Хуыцау, фæстæмæ. Фæкодта иу зынд мигъты ’хсæнæй хур Æмæ фæстæмæ мигъты æхсæн бацыд. Мæ цæстытæ кæмæ-иу кодтой урс, Кæд уыцы чызджы иу фæлмæн фæкаст уыд. Инджынау, фелгъæд къæвдадонæй мæр, Фæцъæх ис зæрдæ ’нæрынцой къæвдайæ. Мæ цæстытæ ныуурс ысты дæумæ, Мæ цæстытыл ма уыцы фæкаст уайы. 3 Абайты Эдуард 65
КАТАЙАГ ЗÆРДÆЙЫ РИС Сыгъдæгæй ма исты кæд ис, Уæд — катайаг зæрдæйы рис. Мæ уд мын кæд ласы, хæры, Уæддæр æрмæст уымæй цæры. Æрфæныфæд — стъалыты цæнд, У диссагдæр цæссыджы фæд! Фæуæнт æппæт иннæтæ дымд, Фæлывд ысты уыдон, фæлывд! Лæг райгуыры удхаргæнгæ, Хъæрзгæйæ, фæкæны мæлгæ!.. Тæхуды, тæхуды, мæ мард Куы уаид дæ цæссыджы аргъ! 66
* * * Дæ зул цæстæнгасæй, Бæркадсур æфсин, Мæ хæрд дæр æгасæй Мæ фарсæй фæци. Мæ козбау фысымтæн Сæ дзыкка — уæнгæл. Дæ бламыхъ, дæ цымгæ Дæуæн та — сæкæр. Кадавардæр, къаддæр Дæ бæркад, уæвгæ. Зæрдæйы бæркадæй У фарсылхæцгæ.
ЗÆРДÆЙЫ ХЪАРМ Рагацау, цыма дæ мæлæт зыдтай Æмæ дæ хорздзинад кодтай зыдæй. Фæлæ рæдийын, дæ хъæд уыди афтæ — Алкæйы, хурау, рæвдауын тын уафгæ. Зæрдæйы хъармæй дæ цæсгом уыд рухс, Æмæ дæ алчидæр уымæн уыд буц. Хъусæн — уæздан дзырд, уæздан ми — зæрдæйæн, Уымæн дзы баззадтæ, уымæн — цæргæйæ... 68
ЗÆРДÆЙЫ ÆЛХЫНЦЪ Йæ бындур ныззылди, æрхауд ыл йæ цар, Адзалæн мадзал нæй, адзал у адзал... Мæ зæрдæ та — дургом, ныббадт дзы пъæззы Æмæ мæ нæ хауы æппындæр цæссыг. Фыдохы хъæр фехъуыст: «Æрныгуылд йæ хур!» Гъе уый тыххæй хохæй дæр нал тулы дур. Мæ зæрдæ та — дургом, ныббадт дзы пъæззы, Æмæ мæ нæ хауы æппындæр цæссыг. Æнæнтыд бæгæны хæдæнхъызт ысси, Æмæ уый, æнхъæлут, цырвхъæстæ фæци?.. Мæ зæрдæ та — дургом. Ныббадт дзы пъæззы, Æмæ мæ нæ хауы æппындæр цæссыг. Кæд не ’нхъизы суадон йæ тæккæ бынæй, Уæлейы донкалдæй йын сабузæн нæй... Кæд уымæн у дургом мæ зæрдæ, пъæззы, Æмæ мæ кæд уымæн нæ хауы цæссыг? Æви, зæгъын, тугау, кæд цæссыг фæтарст, Æмæ кæд ныхъуырын цæссыгимæ маст? Мæ зæрдæйы æлхынцъ куыд райхалон, куыд?.. Æдзæссыгæй, оххай, куыд зын у кæуын!.. 69
* * * Æз зынджы къæртт дæн: — Нывзил мæ, Куырдалæгон, де ’ртыскæнæй фурдмæ, фурды мæ ныррæцугъ, æмæ йæ ныххуыскъ кæндзынæн. Æрмæст-иу мæ исты баззайæд æнæсæрыдæй рисæн, ристыл куыд тула Балсæджы Цалх. Цæй хорз у, мæ зæрдæ уагъылыйы дидинæг кæй у, сындзæрхъула, фæлæ йын уæддæр æртонæн кæй ис, уый!..
* * * Судзгæ дыгъуылæйттæ: тæфтæг сæр тъæнджытæ фæхаудзæни, къуыбыр дзидзи тæгæлтæ фæхаудзæни, ефсы доны хуыпп уырдыг ныллæудзæни... Сур уазал. Сур мит. Мит мæ къæхты бын, куыдзы къæбылайау, схъист кæны, æмæ ацы æндарæны йæ куыдзы къæбыла дæр ничи раппардзæн æддæмæ... Судзгæ дыгъуылæйттæ. Æрсытæ æмæ рувæстæ иумæ хуысдзысты ахсæв... Дзагъулдзастæй мæм ма ракæс, хъамбулæй! Таучелæй дæ цæстыты тавиц уаф! 71
Æз уазал цæсты зулæй куыд баргъæвсын, Нæ баргъæвсын афтæ Цыппурсы карзы. Схъарм-иу мын кодтай, мæ мад, ме ’ргъæвст къухтæ дæ рустыл. Дæ куыстдæрзæг уæзæгæрмттæй-иу мын фæлмæн зынг ныццагътай æртдзыхæн... Мæн зæрдæйы хъарм куыд батавы, нæ мæ батавы уалдзыгон хур афтæ...
КÆЦЫ ДÆ УЫЙ? Кæцы дæ уый? Ног цъылынау, Адæмрæзтæ ма мæрз! Ахæмы зоныны тыххæй Дуархуынкъæй йæм бакæс... Адæмы парахат цæстæй Хуынчъытæй нæ кæсынц, Фæлæ йæм парахат зæрдæ Фæхъæуы æрхæссын... Раст фæзæгъынц, адæмы цæст Алыхатт уынаг у, Фæлæ пыл мæлдзыг дæр уына, Уæд уый пыл куы нал у... Кæцы дæ уый? Ног цъылынау, Адæмрæзтæ ма мæрз! Исчи дæм цæмæй ракæса, Искæмæ уал акæс... 73
МÆ ХУРЫ ТЫН Сæрмæтæн Æрвайдæны цъæх ис дæ цæстыты, Мæ сыгъзæринкоцора гуырд. О, ирддæр стъалытæ куынæ сты, куы, Сæ иу ыскасты аргъ, бæгуы. О даллытæ, даллытæ, даллытæ, О реуатæ, реуа, хъæбул! Куы скæсы хур — фесæфынц стъалытæ, Ды дæр мын дæ гъе уыцы хур. Нæ хæдзар дæу фæрцы зæдбадæн у, Ды та дзы — зæдыкъалиу! Зæд! Дæу фæрцы мæхи хонын адæмæй, Мæ цардæн йæ дарддæрдзу, фæд. Нæ зоныс фæливынтæ, сайынтæ, Ды куы дæ мæ сыгъдæг æууæнк. Фæлæ мын куы ауайай уайæнты, Уæд фендзынæ — дуне у мæнг. Зæнæджы зæнæг, дам, зæнджымагъз у, Мæ фидар бындур куы дæ ды. Мæнг дунейы цъыф дыл куы ныхæса, Уæд уый та зæнджымагъз сæтты. Сывæллоны зæрдæ, дам, зонаг у, Фæлывдæй йыл рацæуæн нæй! Цæй хорз у, кæй фæцæуынц зондагур Зæрондмæ, кæй нæу зонд гуырцæй!.. 74
Мæ къухыл куы ахæцыс: «Акъазæм!» — Фæцæйтæхын демæ æз дæр. О ахъазæм, ахъазæм, м ’ахъаззаг, Зæронды базыртæ — кæстæр. Нæ хъазæнхъул, ахъазæм, ахъазæм, Ды — барджын, цæуы мыл дæ бон. Нæ дæ сайын, ахъазæм, м ’ахъаззаг, Æссывæллон вæййы зæронд...
* * * Пысырайы уыраугæ сыгъд нæ бавзæрстай, Дæ къахы бын дæр никуы фæныхст сындз, Лæппуйау, Терчы знæт гуылфы нæ бафсæрстай, Дæ къуымæлы дæр никуы бахауд бындз. Цы дæ рауайдзæн афтæмæй, цы? Бадт дзуллаг! Сылы дæр ма куы схуырх вæййы, куы схуырх. Фæлмæнком цæвæг дзалайы кæм бацъула, Уым дурбыны куыннæ фестдзæни хырх?! Фæзæгъынц, ном æрмæстдæр у фæзилынæн, «Сослан» ном дæр бæргæ хæссыс — Нæртон. Алæфтимæ лæджыхъæд хъæуы симынæн. Дæ ном та циу? Фæдæгъдхæтæлæй топп! Пехуымпар загъта: «Айк мæцъисæй тулдзыстут, Уæ дыууæ иуæн — агуыры æфсад». Куырдадз у цард, йæ цæхæры мах судздзыстæм, Æнæсæрыдæй ма баззай, Сослан!.. 76
ном Ном нæу æрмæстдæр фæзилынæн, — Схуыдтон мæ фырты Æхсар, Уа мын æхсарджын, уа Иры лæг, Нæмтты — нæ фыдæлты фарн. Схуыдта Сæрмæт Æхсар хи фырты — Гуырд уæд йæ номы аккаг. Ном хæссæм а-зæххыл иууылдæр, Номхæссæн уæвын — хъуыддаг. Иры Агуындæ дзыккакъах уæд, Ноджы — Дзерассæ, Азау... Растдæр — нæ Хуыцауы ма къахæм, Хорз у, цы ратта Хуыцау. Гуырдтæ цæрæццаг уæнт Ирдзыхъы, Ма уæнт дзыхъылæуд æрмæст, Æмæ куыд æмбарой Иры хъæр, Гъе уый сын уарзы мæ цæст... 77
ХЪÆУЫ Хъæуы аджы Бынмæ суанцъы, Агисæны — алгъац. Цæвæг — ссонджын, Зных — æхсонджын. У сæ сæмбæлд ахъаз. Раст, æххуырстау, У æнгуырстуан Судзинæн, æрцындзæн. Бæрдын хъуылæг Скодта хъуырмæ. Мисын чи æрцымдзæн? Цард æнæ ’нцой Нæй — æнæнцой. Куырой зилы донæй. Зæрдæ мастæй Змæлы, уарзтæй Райы, — уа йæ бонæй!.. 78
ЦЫ НÆ ДÆН, УЫЙ Цы нæ дæн, уый мæ мачи домæд, мачи, Мæ уат куыд у, мæ къæхты адаргъ — афтæ. Уый диссаг нæу, мæ фæндаг кæд фæсаджил, Йæ мидреуайæ феггуырсы ма авдæн. Кæны ивылдæй саджилтæ цæугæдон, Фæлæ уæддæр йæ зæронд фæдмæ здæхы. Æрхъу цалхыл фæтулы кæд мæ уæрдон, Уæддæр йæ рохтæй здахын раст мæ бæхы. Цы нæ дæн, уый мæ мачи домæд, мачи, Йæхи лæзгъæр ныннæмы фос дæр донмæ. Нæ фыдтæ нын куы сфыцой иумæ аджы, Уæддæр нæ бас нæ баиу уыдзæн. Тобæ!.. 79
* * * Мах иууылдæр уыдзыстæм уым: Чи — раздæр; чи — фæстæдæр... Ды цардыл хъуыды кæн, зон æй, нæ ферох уыдзынæ мæлæтæй... Дæ базыртæ ысцæгъд-ма ды! Ис удæгæстæ дæр мардæй! Мæлæтыл кæныс хъуыды, уæд ферох уыдзынæ цардæй!..
* * * Зæххыл фæцæуы æнгузæн йæ къæрцц, Рагъæнæй райсдзæн тагъд зымæг йæ кæрц... Сабæлут. Къоппæй фæхауы йæ апп. Афтæ тагъд фарстæн куы ариккам дзуапп... Фæлæ æлхынцъытæ халæгау — цард. Суйтæ къуыбылойы кæрон-ма ссар! Зæххыл фæцæуы æнгузæн йæ къæрцц. Цардæн зыгъуыммæ фæлдæхт у йæ кæрц... 81
* * * Цæрæнбонты мæхимæ æз хæцыдтæн: Уæлдæр-ма сис дæ сæр! Мæхи зæрдæмæ ацы хатт фæцыдтæн, — Уый хорз у æви ’взæр?..
* * * Зокъозæронд баци, Зокъотæ йыл разад. Ичъынайы калмау, Уый уæлæуыл баззад. Къодахæй ныббутъро, Фæлæ-ма мæйдары Бутъро дæр, фæзæгъынц, Рухс æддæмæ дары...
ДЗÆГЪÆЛ КУЫДЗ Æрхуыссыд мæ разы дзæгьæл куыдз — фæрсыл, — Кæсы мæм æдзынæг, цæмæй мæ фæрсы? Цæмæй йæ базыдта, æз дæр дæн дзæгъæл, Мæ зæрдæмæ ссардта уый уайтагъд дæгъæл. Кæйдæр дзæгъæлдзыхæй мæ зæрдæ у хаст, Цæстытæй фæкæнæм зæрдæбын ныхас! Ды батылдтай сабыр дæ хъуынджын къæдзил, Æмæ йæ æмбарын, кæй мыл кæныс цин. Æхсызгон дын — ме ’рсæрфт. О, ма срæй, мæ хур, Кæйдæр дзæгъæл рæйдæй мæ зæрдæ цъæх у. Фæсвæдты фæзилын дæ хуызæн æз дæр, Кæдæм нæ фæхъуысы æдзæлгъæды хъæр. Зæрдæйы дуар, дам, фæзæгъынц, дзых у, Кæйдæр куыдзы рæйдæй мæ зæрдæ цъæх у. Цæстытæй зæрдæмæ — цыбырдæр фæндаг, Хуыцау нæ фæкæнæд кæрæдзи фæндйаг! 84
НОМ - УÆЗЗАУ УАРГЪ Райгонд дæ, райгонд дæ райгуырæн бонæй, — Рантыст сыгъзæрин коцора! Раст цыма мæнæ дæ мус фæци найгонд Æмæ лæвæрд та — дæ кæрдзын. Фестæд сыгъзæрин, кæй райгуырæн бонæн Кувынц зæрдæбынæй адæм! Худинаг, кувæг дæр чи у йæхæдæг Æмæ омменгæнæг дæр! Ном, дам, æрмæстдæр фæзилынæн хъæуы, Нæмттæм ды здæхыс дæхæдæг. Ном у уæззау уаргъ, йæ хæссын æнцон нæу, Номæвæрæг та сты адæм. Ауадз дæ къæхтæ, дæ уат куыд у, афтæ, Сæрæй уæлдæр нæй гæпгæнæн. Иудагъæй бæндæн куы не ’ххæсса, уæд æй, Гормон, дыдагъ ды куыд кæныс? Дзагæфсир мæнæу ныллæгдæр æруадзы Сæр, фæлæ схъæл у цъæмæлæй. Стæй, дам, дæлдæр абадæг та уæлдæр у, Загътой куырыхон фыдæлтæ. Асины къæпхæнтау — райгуырæн бонтæ, Хизыс, уæд ракæс фæстæмæ, Размæ дæр акæс, æндæра дын иу хатт Фæстаг къæпхæн уыдзæн хауæн... 85
ЗÆХХ ХЪУАМÆ УЫЙ УА! «Ма ’нуаз мæ суадонæй!» — радзырдта чидæр Æмæ нæ фæкодта афтæмæй читт дæр. Суадоны цур æз мæ былцъæрттæ хордтон Æмæ дзы дойныйæ сау хъырды кодтон. Ма ’рлæуу кæмфæнды, — кæйдæр зæххы хай у, Фæлæ дзы какон, пысыра ’рмæст зайы. Нал дзы — сæрвæт бæрæг, нал дзы — уыгæрдæн, Иууыл сæ сæхгæдта уыдон бæхгæрдæг. Алкæмæ иухуызон хур дæр нæ кæсы, Хурæй æнæ хай та кæцы у, кæцы! Арв æмæ зæххы ’хсæн ма лæуу хæлиуæй, Æндæра тас у дæуæн дзы фæхиуæй. Бирæ зæхх батыдтон, зæгъгæ, ды ма зæгъ, Бирæ мах хуызæттæ батыдта сау зæхх. Здыхсы йæ зæххыл зæхкусæг, æлхуыйау, Кусгæ йæ чи кæны, зæхх хъуамæ уый уа!.. 86
УАДЗ, ÆМÆ БАСУДЗА Дæ бахудт — залгъæды дидинæг, фæлмæн æмæ хурдзыд, фæлæ йæм ма бавнал, ма йæ ’ртон; уый бур маргæй судзы. Дæ фæлмæн, дæ уæздан ныхæстæ — дæлгоммæ сынчъытæ, æддæмæ нæ зынынц, кæнынц мидæмæ та хуынчъытæ. Цы хос ис сау калмæн? Зæгъдзынæ ды: «Маргæ!» Фæлæ йæм æз не ’вналын, уадз, æмæ басудза, мæ хорзмæ кæсгæйæ, йæхæдæг йæ маргæй!
УЫЙ БÆРÆГ НÆУ! Чи ’рхаудзæн цъæхæй, рæгъæдæй раздæр Ацы царды, уый бæрæг куы нæй. О Хуыцау, цъæхæй рæгъæд мæ ма скæн, Царды дыргъ та ма хауæд цъæхæй! Худыс мæм, сырхварс фæткъуыйау, худыс, Фæлæ ’рхауд мæ размæ та кæлмхæрд. Кæд, мыййаг, дæ маргæй афтæ судзыс? У æнæзæрдæхсайгæ фæлтæрд... 88
* * * Нæлгоймаг хаста худ, Нæ цух кодта йæ сæрæй, Йæ рихибынæй худт, Йæ рихитæ — æрдхæрæн. Худ зокъойыл дæр ис, Ис рихитæ гæдыйыл. Дæ лæджыхъæд æвдис, Лæгбæрæггæнæн уый у!..
НÆ ДÆН БЫНХОС... Нæ дæн бынхос, мæхъи, — Быны тулын нæ зонын. Æз федтон дæу мæхи, Кæнын дæ разы зоныг... Дыууæ уды — æмдзаст, Нæ фæразынц ысдзурын. Цы у цымæ ныр уарзт? Дзаг иу суадонæй дурын!.. * * * Уыдон, дам, лыстæг хъуыддæгтæ сты... Стыр хъуыддаг лыстæг хъуыддæгтæй — стыр. Хус къæцæлтæй стыр гуыппарт ыстынг. 90
СИДЗÆР РÆУÆД Сидзæр, дам, тагъд рæзы, сидзæргæнæг фæуа раууат! Сидзæры ном дыл нæ бауагътон бадын, мæ рæуæд. Хъæмпæй — дæ лыстæн, мæ гобанæй сæвджындæр ноджы, Мерс кæн фæлмæн хос, ды ма бавзар сидзæры стонджы. Ницы ныууагътай дæ мадæй, кæныс æй цæрмыстыгъд, Уый бузн цæстытæй кæй кæсыс, кæд уым ис бæсты тых? Буцæй дын дарын, мæ дзæбæх гоцо, цæхх æз мæ армæй. Оххай, куынæ фенин, систай йæ искуы дæ цармæй! Уæдæ, цæй зын мын у ацы æнæрæвдыд царды! Сидзæры хуызæн дзы абон мæхи æз куы хатын. Астæр, мæ гоцо, æрфæлмæн уаид кæд мæ зæрдæ, Стæй уæд, куыд фæзæгъынц, Стыр Хуыцаумæ сты нæ фæндтæ. 91
* * * Хуыцауы бар хи бакæнæм фыццаг, Фæлæ æппæтыл не ’ххæссы Хуыцау... Хуыцау зоны, куыд абаддзæни тохси, Уæлгоммæ та нæ чи аппары похци?.. 92
* * * Мæгуырæй æрмгуырой хъыррыстгæнгæ зил, Дзыккайæ дæр тайæндæр куыд уа дæ сир. Дæ хъиутæ хæр! Фиутæй у алчи æлгъæд, Фæхъæуы йæ хъауын, нæ зоны æгъгъæд. Цард къахыр уæд! Бахæр, ’мæ ма фæуай хъуаг, Æндæра куыд кæна дæ хæринаг ад... 93
МАДЫ МЫСГÆЙÆ Быркуыйы цы ныдздзурай, уый дæм ысдзурдзæн, — Мæ зæрдæ мæнæн дæр быркуыйæ уæлдай Куынæ у. Нæ мæм дзуры, цыма у дæрдзæнд, Æвæццæгæн æмæ, ныдздзурæг æм нæй. Быркуыйæ цы фæхъауынц, уый йыл фæстæмæ Ныккæнынц, æндæра йæ сæн кæны туаг. Мæ зæрдæйы тыппыртæ суадзон уæдæмæ, Мæ удыдзæбæхæн фæкæуон æз фаг! Мæ удыдзæбæхæн мæхицæн фæкуыдтон, Мæ зæрдæйы быркуы æвдæлон фæци. Мæ мады мысгæйæ мæм зæрдæ дæр сдзырдта, Фæлæтацæмæйбайдзагуыдзæн? Маст, цин?.. 94
МÆН НИЧИ ХЪÆУЫ... Ды нæ зоныс, дæ зонд цы фæкæнай, фæлæ æз ныртæккæ мæхи зондæй дæр тыхсгæ кæнын. Мæн ничи хъæуы ныртæккæ, мæхæдæг куыд никæй хъæуын, афтæ. Нæдæр мæ де ’лгъыст хъæуы, Нæдæр — дæ арфæ. Мæн дзурын фæнды æрмæст мæ хъуг æмæ мæ рæуæдимæ, мæн дзурын фæнды æрмæст мæ сагой æмæ мæ цæвæгимæ. Мæ цæвæг рацагътон, сдаудтон æй сигæцæй æмæ нæ уадзын мæ уыгæрдæн, зæритау, скъæцæл. Мæ цæвæг æнæнхъæлæджы мæлдзыджыты губаччы фæсагъди, 95
цыма мæ зæрдæйы суади, — æртылдысты сæ «цыхтытæ», ныппырх сын кодтон сæ хæндыг! Ныххатыр мын кæнут, мæлдзгуытæ, æвзæрдзинад мæ нæ фæндыд! Нæй цард æнæфæкæугæ, æнæсхудгæ. Фæкодтат мæ, мæлдзгуытæ, зæрдæмæхъу сгæ, зæрдæдзургæ. Мæн ничи хъæуы ныртæккæ, мæхæдæг куыд никæй хъæуын, афтæ...
ФЫН Йæ барцæй куы хъазы Емылыкк æфсургъ. Уый кæмтты ныууасы, — Лæбыры чысдур. Йæ сæфтджытæ дуртыл — Æзных æмæ ’хсон. Нырма уал ын хур-тын — Хæрдгæ хæрхидон. Йæ барæг уал — дымгæ, Уырс уа æви ефс, Тызмæг арвæрттывдæй Нырма у йæ ехс. Архъанæй йæ ’рцахсон, Нæ йыл кæнын хæст. Йæ къæхтыл ын сахсæн Куы сæвæрин æз. Куы — сиргæ, куы — цапуал, Цыппæрвадыгæй Тæхы, æхсæраппау, У уадæмдзутæй. Кæд кастæн мæ уæны, Сах абадт мæ хъул. Фæхæст ыл дæн мæнæ, Лæг, зæгъын, лæг у. Йæ фæстæгтæ ’рсадзы, Армаццагæй арв 4 Абайты Эдуард 97
Ныххойы, нæ уадзы Уый йе ’рагъмæ саргъ. Уыхерытæ, тухи... Æхтæнгтæ, бæргæ, Ахъаззаг нынтъухин... Дымитонг, мæргъгæ. Мæ бон нæ цыд бæхыл Æмæ надтон саргъ. Зæвæтдзæгъдæн... Зæххыл Куы сæмбæлд «хъочах». Мæ хъæдын сынтæгыл Кæнын химæ хыл: «Фыццаг сбад хæрæгыл, Ыстæй та — бæхыл».
ФÆЛЛОЙ Бур нартхор мын — сыгъзæрин, Растдæриддæр — æрмæрин. Гамбылтимæ æмырдзаг Уæрдон батæр сыдз-мыдзы... Корыпп систам нæ кæрты, Нартхор акалд фæйнæрдæм. Кæрийыл мах — цæлхæмбырд, Ерысæй йæ æхсæдæм. Нартхор хæссæм тæсчъыты, Чи — дзагæй, чи — æрдджытæй. Къутуйы дзаг — нæ фæллой, Уымæн цæуæм ысхъæлæй. Ус, дам, курын, фырт афтæ, — Æтт, ныййарæг, зад бафтау!.. Алкæй раз дæр уыд хуртуан, Хуртуангæс-иу куы уыдтæн. Хуртуантæй ма кæттæгтæ Баззад абон, фæскъæуттæ. Дзурыс, зæгъгæ, цу, ракæ Хæрæгæн дзы æфтаугæ. Стъалытæм æз куы скæсын, Уæд мæм ног мæй фæкæсы Хуртуангæс ус, уæхсчикъæдз, Зæхмæ кæсы уый джихæй... 99
ЦÆУЫЛ ХÆРÆМ КÆРÆДЗИ? Цымæ, цæуыл хæрæм кæрæдзи? Куыдз дæр-ма батилы йæ къæдзил. Хæдзары хицауы ныхасмæ, Сæ базыртæ ысцæгъдынц хъазтæ. Кæрæдзиуыл цы кæнæм бустæ? Нæ гæды дæр-ма кæны буцтæ! — Йæхи мæ къæхтыл хи фæхафы Æмæ мын аргъæуттæ фæуафы. Рæвдыдæй рæзы алцы, адæм, Æмæ кæрæдзийæн æнад уæм? Куынæ басдæры хъуг йæ роды, Уæд æй йæхи рæуæд нæ хоны. 100
НÆ ДÆН АЙУАН Нæ дæн айуан, нæ дæн быдзæу! Мæхиуыл комдзог цæуын нæу Мæнæн мæ бон, куынæ дæн æз Кæмæндæр хъазæнхъул фæрæз. Нæ дæн айуан. Дæ удæй хъаз, Кæйдæр хынджылæгæн фæраз. Æрдуйæ нарæгдæр дæ уд Уæд, афтæмæй уæддæр та худ?! Нæ дæн айуан, нæ дæн быдзæу!.. Рæстдзинад равзары быцæу. Кæм ис загъд-замана, тох, хыл, Уым фидыд ма ’рцæуа нывыл... 101
НÆ АХАДЫ ХИОН ЦÆСТЫ Ныхъхъус ут, æнæфæнык хъалтæ! Цъиу амизын кæнут бæстыл, Уæхи хæрзтыл кæцы фæкалди? Нæ ахады хион цæсты. Мах, оххай, цæмæн ыстæм хихор, Æви уый нæ рын у, нæ сон? Нæ нын ратдзæн исчи йæхи хорз, Дæхи æвзæр хъахъхъæнын зон. Йæ бикъ нæ уæлдæр лыг нæ фæци Нæ иуæн дæр ацы зæххыл. У хурæн æмхуызон йæ фæцин Бырон æмæ дидинæгыл. Ныхъхъус ут, æнæфæнык хъалтæ! Хæлаф нæу цæмæндæр æххуыс! Кæсут-ма, куыд ныфсджын у уартæ Йæхи дуармæ сыхæгты куыдз... 102
* * * Сты мæ цæстытæ, рухсы æхснудæн къуыбылæйттау. Дыууæ рухсы тынæй фæивæзынц хурмæ. Æхснуды сæ хур йæхиуыл, фæлæ сын нæй фæуæн, уымæн æмæ хурæй рухс кæнынц фæстæмæ... Цъæх мигъ. сылыйы ныххауд цыма хур. Æндæргтау дзы змæлынц адæм, цыма хуры рухс агурынц, цæмæй сæ хуыз бацæуа, уый тыххæй...
МАДЫ ЗÆРДÆ Уæрыкк дæр æгас дзуджы ’хсæн Хи мады ыссары. Хъæды сырд дæр хи лæппынмæ Мады зæрдæ дары. О гыцци, дæ зæрдæмæ куы Уаид ныр ныккæсæн!.. Арф хъæдгом цæрæнбонтæм дæр Баззайы ныуæсæй. Мады уарзт, хъæбулы мастæй Нæй зæххыл тыхджындæр. Ма йыл дзурæм: нал фæкæны Цæхх цæххæй цæхджындæр. Оххай, оххай, саумæр сыджыт, Уый дæумæ нæ хъуысы! Хорзæй дæр, æвзæрæй дæр сæ Скæныс ды æмхуызон... Мады цæссыг тугæмхæццæ, Тугæмхæццæ уары. Хи лæмæгъæй сау сыджытыл Тæригъæдтæ хъары: «О мæ хъæбул, ракæс-ма мæм, Ракæс-ма, мæ усгур!» Фæлæ ма кæд ратылди, кæд, Сау къæдзæхæй урс дур? 104
Цин, дам, зианæн алыхатт дæр У, зæгъынц, æфсымæр, Адæм та сты зианджынтæн Удæнцой, ныфсæвæр. Мадæл фыс йæ сау уæрыкмæ Уасы ныр фæсусæй, Фæлæ йæ уый нал агуры Ацы хатт, нæ хъусы... 105
ИУ У СÆ ХЪÆСТÆ Амонæн, астæуккаг, æнæном, хистæр Æмæ — сæ кæстæр. Иуы дзы ралыг кæн, иннæ дæр рисдзæн, Иу у сæ хъæстæ. Мадæн йæ гуыбыны хъулæттæй — адджын Залиаг калм дæр. Къабузджын архджын у, къабузджын — архджын, Архджын — зын фадæн... 106
АВДÆНЫ ЗАРÆГ Гуккытæ авдæнтъæпæнтæй Стыдтай, дæ авдæнбæттæнтæ Райхæлдтай, сымпырæй сыппа Сæппæрстай, мæнæ къуызыппа. Таурæгътæ æфтауынц дисы, Бон, дам, уылынг рæзт, ’хсæв — дисны, Тагъд дон кæм æййафы фурды, Цардæн нæй суайæн йæ цурты. Агуысси уал кæн, лолотæ, Мыстытæ бахордтой бонтæ?.. Тагъд дон нæ баййафдзæн фурды, Ссенк кæны цард та нæ цурты... Нал кæны сывæллон даллы, Мылытæм арæх æвналы. Мæнæ мыл цы хорз æрцыди, Уæлæ йæ гæццы æрзынди!.. 107
КУЫВД Мæ дзыхы нæ бадынц Дæу аккаг ныхæстæ. Тæхуды, куы уаид Зæрдæмæ ныккæсæн!.. Дæ рард дæр — зæрдæйæ, Дæ бацин дæр — райгæ. Дæ низтæ дын райсин, Куы уаиккой райсгæ... Фæуыдзынæ, зæгъгæ, Ды уымæй æвзонгдæр, Дæ азтæй фæкæнин Мæхи æз зæронддæр. Æнусты сæрты мын Æнæнизæй ахиз, Дæ зæрдæйы фæндты Æдзух кæн уæлахиз! Мæ дзыхы нæ бадынц Дæу аккаг ныхæстæ. Тæхуды, куы уаид Зæрдæмæ ныккæсæн!..
АМЫНД Æсфыц-ма искуы Дæхæдæг исты, Æсфыц! Æгæндæг хъæдты Кæйдæр над фæдтыл Цæуыс. Фырт скæн ды хъомыл, Ныссадз дæ номыл Бæлас. Дыргъ ыл куынæ уа, Уæддæр йæ аууон — Ахъаз. Хæдзар скæн фыртæн, Фыдæн йæ цырт у Фырт дæр. Æрмæст фыдвæды Бæсты æвæд у Хуыздæр!.. 109
ЦУАНЫ У баллон æбарон, Ныргæвста та фыс. Нæу надæр нырма дæр Мæ аргъонахъ куыдз. Уый зæхмæ уæлбæхæй Лæг исы, фæлæуу! Зын пирæн ын — бирæгъ? Йæ рыджы дæр нæу! Мæ амонд у абон Мæхи ’взаргæ ’рмæст. Сырдбадæны ’рбадтæн, Хæссын æз мæ цæст... Мæ хъримаг — мæхимæ. Мæнгвæдæг... Ныммæл! Мæ къæсмус — æнæхус, Мæ топхос — уымæл?.. Гæрах дæр æввахсæй Нæ фæцыд, уæдæ, — Йæ уæнтыл сырд уæртæ — Гæндзæхтæдзæгъдæн. Нæ хæлы, мæхæлау, Нæ, ме ’рфгуыты баст. О тобæ! Кæд топп дæ, Мæ бирæгъæнгас!..
СИР ДÆР - ХОРЗ Æнгуырыл æххуылыдз ныппар, Дæ цъингуырæй дæр у ды хъал. Куынæ уа дзыкка, сир дæр — хорз, Хуыцаурардæй марг дæр у хос. Дæ ауæдзæфсирыл дæр хъæц, Дæ амондыл фидар ды хæц. Куы йæ къуырай къахыфындзæй, Зæвæтæй дæ рариуыгъдзæн. 111
ХЪУЛ АБАДТ САХ Дæ хъул кæд абадт иу хатт сах, Дæ синысаст фæрæстмæ иу хатт, Хуыцауæн табу, зæгъгæ, зæгъ, Дыууæ хатты нæ хауы иу хал... Дæ хъул кæд абадт иу хатт хъен, Дæ сины сæртыл ма ’рхæц, хъус-ма! Кæмæндæр иу сенæй нæй сен, Дæуæн та афтæ уыд дæ хъысмæт... 112
ИУ БОНЫ ХОСДЗАУ Цæй бæзджын у кæрдæг, Цæвæг æй фæразы! Фæразын мæхæдæг! — Мæ кæстæр фæразæй. — Æтт, де счъилтæ хъахъхъæн! — Фæстейæ æрбайхъуыст. Мæ дзых аззад хъахъхъæй, Фæлæгæрды сахъхуыз. Нæ хæрын мæ хъиутæ, Быцъынæг нæ тонын. — Нырма мын æргъиу дæ, Æз дæр мæхи зонын... «Æрсытимæ» кæрдо Изæрмæ фæцагътон. — Фæлæуут, кæстæртæ, Фурд не ’ййафы тагъд дон!.. Нæ тонын быцъынæг, Нæ хæрын мæ хъиутæ. Æзноны бæгуылæг Ныцци, дам, хъæдхъиутæ... Æз базылдтæн фосмæ Фæраст дæн æртæхыл... Нæу иу боны хосдзау, Нæу хосдзау, фæзæгъынц... 113
АРВЫ ДЗÆГЪÆЛ НÆРД Арв кæны сæртæг цæлхъытæ, Раст цыма уæрдондзæлхытæ Дурджын фæндагыл фæтулынц, Схъиудтытæгæнгæ, мæ цурты. Арв, куыд нæрыс, афтæ сахад, Нæй гæнæн, æркал ныл саха! Иугæр ды цæгъдыс хъуылæгæй, — Ма схауæд дæ царв куынæгæй! Арв дзæгъæл гæрæхтæй мары, Раздæрау йæхи лæмары. Рапырх кодта къæвда. Фенцад. Фæндагæн йæ рыг дæр не ’рбадт. Мах дæр байдайæм мыхъытæ, Ницы-мацытыл — къуырттытæ. Царды ц’ агурæм хатт арфдæр, Уый уæлæнгай ссарæм афтæ. 114
КУАДЗÆН Иу дзы Мæрдты куадзæн уыди, иннæ — удæгæсты, фæлæ сæ кæмæн скодтам, цымæ, удыбæстæ?.. Иу дзы мæрдты куадзæн уыди, иннæ — удæгæсты, фæлæ мæрдтæй, удæгæстæй чи фæци, чи — æфсæстдæр?.. 115
ХУРЫ ХЪАРМ Хурмæ ныррæдæнг, ныкъкъæркъадæвдæг сахъари, фæлæ-ма æмбæрзæндуртæм нæма хъары. Хур арвы кæронмæ, æхснудгæ къуыбылойау, атылди, ис ма йæ аныгъуылынмæ, æвæццæгæн, адыли. Зæххы тæвд æрысыст, кæрдæг æруазал и, фæлæ ма æмбæрзæндурты хъарм баззади. Царæй нæ ахсæв дæлæмæ нæ къах нал хæссы, уымæн æмæ дзы æмбæрзæндурты хъарм бамбæхсы. Дурау, мæнмæ дæр хъарм æрæгмæ бахъары, фæлæ кæд исчи мæ фæстиат хъуыдытæй бахъарм и? 116
НОГ ЦАРД Цы цард æрцыд, æвæдза: — дæ сыхагмæ кауы сæрты ма бакæс æмæ йæ зæрдиагæй истæмæйты ма афæрс. Æрмæст нынныгъуылдыстæм, дæлгоммæ сынчъытау, æмæ кæрæдзимæ кæсæм дуæртты хуынчъытæй. Ныр абон сæ кулдуар, арвы дуарау, фегом, кæд йæ зæрдæ йæ сыхæгтæм фергом, уæд къулыл — зылын хахх, кæдæй-уæдæй, æхгæддуарæй фæцæрæг, æхгæдзæрдæ. Сæ дуар — быззитт, Цы зæд ыл атахт, уагæры?.. Знон, дам, ыл зиан æрцыд æмæ дзы уый дæр ныронг нæ рахъæр и... 117
СТЫРЗÆРДÆ Знаг нын нæ къæсæртæ хойы, сæтты, Мах та æнæмæтæй бадæм куывдты. Знаг нын нæ къæсæртæ хойы, сæтты, Мах та куыдлæгдæрæй бадæм кæндты. Мах раз куыд ысты, дæ разы дæр уæнт Афтæ, æмæ, дам, хæлар дын фæуæнт. Фæлæ мæ рухсаггаг цас у хæлар, Уыйас мæхицæн фæуæд-иу хæрам. Зæгъгæ, кæцæйдæр фæцыдис фæдис, Не ’рхауид къухтæй, æвæдза, фыдис! Зæгъгæ, нæ не знаг къуыдырцагъд кæны, — Кусарт, зæгъиккам, къуыдырфых хъæуы. Знаг нын нæ къæсæртæ хойы, сæтты, Мах та æрбадæм кæндтæ ’мæ куывдты! Знаг нын нæ къæсæртæ хойы, сæтты, Уый, дам, кæд хонæг у, акæс-ма ды... 118
ХЪУЫДЫ Нæй мæм гæдымитæ, нæй, Уарзын, уæд уарзын! Сыкъа йæ тæккæ бынæй Уарзын æз нуазын. Размæ мæм худыс, фæсте Лыг кæныс чъилтæ. Залгъæдау, ды дæ хъæстæ, Худгæ марг чидæр. Мидæмæ тухæд æлхуый, Йе ’хснудгæ — ’ддæмæ. Къуыбылой скæны цæстгай Цъындайы къæбæл... 119
ЦÆСТСАЙÆН Бонивайæнты куы фæкæны ирд Рудзынджы авг, Амонды рухсы æнахуыр лæпирд — Цæстыты дзаг. Рудзынгмæ афтæ цæмæн нымдзаст дæ — Дзир-дзургæнæг? Уым кæд дæ мадæн йæ рухс цæстытæ Федтай, æцæг? Уыцы æхцон ныв цæстсайæн кæй уыд, Уыцы фæрныг, Фембæрстай уый æмæ рустыл æрцыд Судзгæ цæссыг. Азылдтæ рудзынгæй æмæ кæуыс Сусæг куыдæй. Ехх, ныр æнусон скæн уыцы ’хцон уысм, Фæлæ — куыдæй?.. 120
* * * Сисут уæззау чырын, лæппутæ, уæлныхты, сисут! Ацы ныййарæг мад уый аккаг у, нæ ис, дису! Адæм куыд сисынц мах, афтæ æруадзынц нæ адæм. Ахæм ныййарæгæн зæхмæ æруадзæн нæй, мадæн. Фæлæ цыфæнды куы фæкæнæм, — Зæхх у нæ раттæг, æмæ нын уымæй нæй ахауæн, асхъиуæн дарддæр. Уæдæ йæ зæхмæ, Зæхмæ, лæппутæ, æруадзут, фæлæ йын царды йæ уæззау кад хæссын фæразут!.. 121
НÆХЪУГ Дзурын нæ зыдтай, æндæр адæймаджы цæстытæй кастæ. Де ’нкъараг зæрдæмæ хъардта уарзт дæр æмæ маст дæр. Афтæ дыл сахуыр стæм, æмæ бинонтыл уыдтæ нымад. Ды — нæ удлæууæн, нæ зæрдæдарæн, нæ мад. Диссаг, скъæтæй-иу бинонты змæлдмæ хъуыстай, ницы дæ хъуыдис, ницы, æнæ рæвдыдæй, схуыстæй. О нæ хъуг, Ды хæдзармæ цæуын та куыд зыдтай, рæгъауы разæй йæм æдзух тындзыдтай! Кæртмæ-иу куы бахызтæ, уæд-иу дæуæй хъалдæр кæм уыд.
Скъæты-иу куы ’рлæууыдтæ, уæд-иу дæ уд æрцыд. О нæ хъуг! Ды де ’хсырмæ цыма дæ уды хъарм уагътай, уæд уын æвдадзыхос, æвæццæгæн-иу, загътай. Сойуырз æмæ сойбыл уыдыстæм мах дæ фæрцы, фæлæ нын цы кодтай, æнæнхъæлæджы дыл цы æрцыд?! Де ’ргæвдджытæ дæ ныр æргæвдæнмæ фæкæнынц... Иу каст ма фæкодтай, — зæрдæйы тугтæ ныккæлынц. Раздæрау нæм адæймаджы цæстытæ сзылдтай, фæлæ дæ кæдæм кæнынц, уый нæ зыдтай. Иу каст ма акодтон æз дæр дæ фæдыл, фæлæ мæ адæймаджы цæстытæй кæсын нæ фæндыд...
ЗÆРДÆМÆ ХЪУСЫН Дард кæмдæр кæны тæныскъуыд фæндыр, Фæлæ дзы зæрдæцъæх æз куы фæдæн. Хъазы дымгæ саст бæласы схъисыл, Æмæ уый мæ зæрдæ тынгдæр исы... Атыдта гуымсæг кæмдæр йæ фæрстæ, Фæлæ мæ нæ асайдта йæ фæстæ. Гом дыуар æрбагуыпп кæны дымгæ, Æмæ хъуысы зæрдæмæ уый тынгдæр... А дуне æгæр бæгъгъæтт, æргом у, Баззади мæ зæрдæйы хъæдгомæй. Ацы ’хсæв мæ зæрдæмæ æз хъусын, Норст цæхæрау, хъахъхъæнын йæ сусæг... 124
ÆНÆРАВДЫЛД ДЗЫККА Æфсинæн скæнæд чызджы ад йæ чындз, Чындзæн дæр, мадау, уæд æфсин адджын, — Æмæ нæ уыдзæн сæ цард уæд ызмæст, Иумæ сæ дзыкка ызмæнтдзысты ’рмæст. Фæлæ сæ дзыкка нæ равдылди кæд, Аллайаг нæу уый — сæ сирыл лæууæнт! Раст сты фыдæлты æмбисæндтæ, раст, Лæг æмæ ус, дам, фæрæтхъæдæй — барст. Ахæм æмбисонд дæр ацахсы хъус: — Лæг, дам, у лауыз, фæлдахæг та — ус. 'Нæлаз бинонтæ кæд уыд æмæ кæм! — Хатгай мыды дæр куы бахауы къæм... 125
ÆМСИÆХСТÆ Æмсиæхстæ, æфсымæртау, ысты Кæрæдзийæн — ныфс, арс дæр сæ тæрсы. Хъæды халонау, иунæг дæн ныр, иу — Æлгъыст, æвзæр бынылзад у, æниу! Æртæ ’мсиахсы — æртæ къахы фынгæн. Куыд ма йын ис ныр иу къахыл лæууæн? Æртæ тулдзау, бæргæ уыдысты арф Сæ уидæгтæ... Æмхиц у иумæ арв... Мæ бон уын циу? Мæрдтæм кæндзынæн рухс, Фæлæ мын сси ныр иу уысм дæр æнус... Рæстæгмæ стæм! Фæзындзынæн уæм æз!.. Уæ бонæй уат, æнус кæмæн сси уысм!.. 126
ÆНÆЗÆРДÆ ЦАРД Цæрын мæ нæ фæнды Мæн ацы æнæзæрдæ царды! Æфтыд фонт мæ фæдыл Æнæмард, æнæхуыцау адæм! Фæцæуæнт мын иууыл, Фæлдысты бæхтæй мын фæцæуæнт, Фæлæ-иу мæ риуыл Сæ сындзытæ уардитæй ссæуæнт! 127
ÆРДÆГФЫСТ ÆМДЗÆВГÆ Мæлынмæ мæ не ’вдæлы, оххай, мæлынмæ, Æвдæлон цард махæн мæрдты дæр кæм и!. Мæ хуыздæр æмдзæвгæ ныффыссон, мæ лымæн, Фæлæ, дам, мыды дæр, æвæдза, къæм и... Фæлтау уæд мæ цард дæр æрдæгфыст æмдзæвгæ, Фæззæг уа, гъе — уалдзæг, сæрд уа, гъе — зымæг, Зæрдæисгæ куыд уа, зæрдæйыл æндзæвгæ, Куыд зæгъой: «Цæуыл фæуыдаид, цымæ?» 128
ÆНУСЫ ХАЛ Дæ фыддæр æлгъыстытæ-иу мыл ныххуырс! Мæ сæр ныллæг уадзын, дæн аккаг, бæгуыдæр. Зыгуымы дæр разыны хоры нæмгуытæ. Хал халæн æххуыс у, хал халæн — æххуыс. Мæ сæрыл æрцæуæнт дæ еу æмæ сар. Цы ма зæгъон? Ницы! Мæ сæр ныллæг уадзын. Нæ разындзæн уыцы хал Иры æфтауцы, Фæлæ-иу æй, курын, уæддæр ды ыссар. Сæныччы комы мын кæд сахадид уæд, Сырддонцъиуæн й’ ахстоны истæмæн сбæззид, Йæ дæндаг дзы асхъауид исчи фæсхæрд. Мæ цард уæд дзæгъæлы, дзæгъæлы нæ фæци! 5 Абайты Эдуард 129
НОГБОНЫ САГЪÆС Горæты уынгтæ сты хасты хуызæн, Алчи ныууагъта йæ адджын хуыссæн. Систæм нæ базæрттæм ахæрæттыл, Цыма фæстаг бон у — ахæрæты. Афæдз ныл, цыма, сыдымус уыдзæн Къутуйы бын — стæм мæтыхты хуызæн. Байдзаг сты хызынтæ, фаг нæу уæддæр, Баззад ма базæртты фалгæрæттæ... Абон мæ чыссæ æрцагътон æз дæр, — Ма ’рхауон райсом къæссадзæгъдæнтæм, Ма бацагурон мæ тъылланг хъæрхуыпп, М’ адджындæр хæринаг ацы зæххыл?.. Арæх ысвæййынц нæ бæрæгбæттæ Хойраг сафæнтæ, къæбæрдæттæнтæ. Хъуамæ, дам, зонай дæ гуыбыны рындз, Науæд нæ фырхæрд фыдрын у, зæгъынц... Гуыбынæн — бирæ, зæрдæйæн — чысыл, Фагæй фылдæр ын куы вæййы цъыззытт. Не знæгтæм бирæ уæд, мах фæуæм хъуаг, Зæрдæйы быркуытæ уæд кæнынц дзаг... Фыццаг кæркуасæнтæй раджы ахызт, Фосы хицауæй æрæджиау ыстæ. Адæмы балвæста адджын хуыссæн. Сыст! Дæ хъуг ’нæдыгьдæй бахуыскъ уыдзæн... 130
ÆГЪУЫССÆГ ÆХСÆВ Никуыдæм æхсайы зæрдæ æппын: — Хæдзары бинонтæ ахсæв — æмбырд! М’ алыварс иууыл — мæ туг æмæ стæг, Зæрдæмæ чи у æппæты хæстæг. Скъæты хæрззылдæй сынæр цæгъдынц фос. Фаг сын нывæрдтон сæ кæвдæсты хос. Фарн æмæ амонд цы вæййы æндæр?! Стыр кадджын Хуыцау, Дæ нывонд — мæ сæр!.. Ахсæв мæ зæрдæ кæд ссарид æнцой, Æмæ мæ сæрыл нæ зилид куырой, Фыдфынты ахæсты кæннод фæдæн. Ахсæв кæд фенин æз адджын фынтæ. Ссæуы мæ фыртæн йæ сынтæджы хъинц, Алы хъуырдухæнмæ зæрдæ — æмхиц. Истæуыл сагъæс кæны кæд тыхджын?! Ахсайдта зæрдæ æмæ та тыхсын. Ууыл куы фæци, куы, ме ’нæмæт цард, Цæндыл ма базмæлы дур дæр — æнцад. Ауад гæркъайы хуынчъы та мæ уд, Уæдæ æххæст амонд амонд кæд уыд?! 131
* * * Мæгуыр у дæ къоппа, Нæ дыл хæцы цард. Фæстагмæ дæ цолпæ Хъæууон аджы ссард. Цæмæй уыдтæ сау охъал, Æнæфæнык хъал? Дæ дурастæрд сахар?.. Цъист — кæрдæджы хал. Къуырф белæй-ма раппар Ды фосы бæкка, Уæ фаджысæй абар Хæдзары бæркад. Хуыскъастæу, у чъизи? Цыбыр у дæ зонд! Зæххæмвæз нæм чи сси, Уый сыстад бæрзонд Мæгуыр у дæ къоппа, Нæ дыл хæцы цард. Нæ фаджысы обау — Мæ хъæздыгдзинад. Йæ сæрæй фæлгæсын, Æз бонджын дæн лæг, Æмæ мæм фæкæсы Нæ дуне ныллæг...
* * * Хæфсы цы мара? Нæй йын цъымара. Нал зары, аххос?— Цъымара бахус. Уалынмæ къæвда Фемæхсти, хæфс та Ногæй цы зары? Байдзаг цъымара...
РАГУАЛДЗÆГ Дысон рауарыди мит, Абон арв, сæгъдзæстау, — ирд. Сойдзыларау — хуры цæст, Бæлæстæй ма уары ’рмæст... Мæнæ бæстæ фестад дон. Зымæг, ницуал у дæ бон! Уалдзæгæй дæм ’рбакалд раст Галы комытæфы йас... 134
ÆРÆГВÆЗЗÆДЖЫ ЦИН Мисынау, цъæх мигъ ныццахсти, ныббадт, Хуры тымбылæг дзы — гарачъинад. Уалынмæ абыгъдæг, асыгъдæг арв, Ракаст хур — гарачъи бахсысти — царв. Базмæлынц къутæртыл тынтæ — фæлурс, Æмæ сыл ахъазы хурæн йæ рухс, Цыма фæндыры урс амонæнтыл Хуры чызджы урс æнгуылдзтæ хæтынц. Царвау, зæрин хур мæныл дæр фæтагъд, — Никуыдæмуал кæнын, цыма æз тагъд. Фæлæ фæкъул ис æрæгвæззæг хур, Мæнæ тæргай цæст куыд ракæсы зул. Бирæ нæ ахæссы царды нæ цин, Æмæ мæнæн дæр мæ амонд фæци: Ахæм тæрхон мын ыскодта Хуыцау, Тынтыл ма ахъазынц урс æмæ сау... 135
ХÆДЗАРЫ ЗÆД Цъæгъæдзы уæфтийау, нæ зоныс æнцой, Нæ сæрыл нын разилын кæныс куырой, Дæ нывонд, дæ фæхъхъау, дæ рынтæ, — уæддæр Ды махæн нæ зæд дæ, нæ чысыл зæрдæ. Хæдзардзаг бинонтæ дæуыл сты æфтыд, Æнæ дæу та абон нæ хæдзар — афтид. Æгуыппæгдзинадæн та стæм мах фысым, Æрмæст нæм нæ зæрдæты гуыпп-гуыпп хъуысы... Хæл-хæлгæнаг суадонау, иу бон куы уа, Уæд байгом кæндзынæ нæ хæдзары дуар. Фæсурдзынæ пъæззы, æгуыппæгдзинад, Æмæ та нæм базмæлдзæн, базмæлдзæн цард. 136
ТÆРГАЙГÆНÆГ Былæппæрст дæ, былуагъд, Дæ дзых та у бæлæгъ. Цы та кодтай, Сæрмæт, Тæргæйттæ хæсс сæрмæ?!. Дæ цæстытæ — уымæл, Цы та дуцыс къуымæл?! Цы та кодтай, Сæрмæт, Тæргæйттæ хæсс сæрмæ?! Дæ баппа, рауай, айс,— Тæргайгæнæджы хай Адджын вæййы, адджын, Айс, гисæн æй дæттын! Тæргайгæнæг Сæрмæт, Тæргæйттæ хæсс сæрмæ!.. Цы у, уæдæ, йæ хос? Йæ буцахуыр нæу хорз!.. 137
НЫЙЙАРÆДЖЫ ТУХÆН Нæ мæ уагъта дысон мæ хъæбул фынæй. Фæсабыр-иу æмæ та бацъæх, Æз дæр ыл ныцъцъæх дæн — æндæр гæнæн нæй, Уæдмæ мыл мæ бон дæр æрбацъæх. Дæ цæстытæ хуыссæгæй иуцъус фæсай, Æрмæст нæй сыгъдæг удæн сайæн... — Ды де ’хсæвæй ц’ атонай, цардæй уæлдай, — Мæ хъустыл мæ мады дзырд уайы. Йæ мады фæндиаг хъæбул хæссæд рæз, Нæуæггуырды кæуын уæд зарæг. Ныййарæджы тухæн уæд бамбæрстон æз, Мæхæдæг куы сдæн ныр ныййарæг... 138
АХÆР, ГОЦО!.. Ахæр, ахæр, Гоцо, цалынмæ дæуæн дæхи нæ бахордтой, уалынмæ!.. Мах, дам, зормæтæ, сырхытæ тынг уарзæм, бадардзыстæм дæм туггарз дæр. Уыцы æнæхуыцауыхæйттæ дæ ныккæндзысты хæйттæ-хæйттæ. Фынгыл сæ нæ ферох уыдзæн гъæйтты рæгъ дæр. Сыхырнамæ æвдгай сыкъатæ æппардзысты. Иу æртах сæ кæй не ’рхауд, уымæй сæхицæй æппæлдзысты. Ахæр, ахæр, гоцо, цалынмæ дæуæн дæхи нæ бахордтой, уалынмæ!.. Уыдон къæркъуыр-риуæгънæг не ’взарынц. Уыцы бирæгътæ мæкъуыр-бирæгъы хай не ’ппарынц. 139
Уыдон не сты не ’гъдæуттæн иу зонæг, афтæмæй бирæ уарзынц бурачъифых физонæг. Ахæр, ахæр, гоцо, цалынмæ, дæуæн дæхи нæ бахордтой, уалынмæ!.. ...Царм ма дæ баззад, æмæ уый дæр цæххимæ нæ батыхтой. Уыцы цардсуртæ йæ фаджысы сæрмæ рантъыхтой. О, зыгъуымдонмæ дæр уæ ма бауагъдæуа, къадзых, куыдзыхтæ! Фæлæ, дам, сæ хæс сæхи цæрмттæй фидынц бирæгътæ!.. Ахæр, ахæр, гоцо, цалынмæ дæуæн дæхи нæ бахордтой, уалынмæ! ...О мæгуырæг! Кæд дæ уæны кастæ æмæ дæ хæсæй дæхи уымæн азылдтай?.. Фæлæ мæгуыр уый у, дæ уæн суæгъд кæнын дын чи нæ базыдта...
ЛÆГ ЛÆГУ... Искæуыл дæ бон цæуы, уый хорз у, Фæлæ дæхиуыл та — хуыздæр. Гъе уый дæуæн дæ уды хос у, Уымæй у, уымæй лæг лæг дæр!.. Раздзог дæ фæнды схъæл бодз-цæуау? Абад дæлдæр ’мæ уай уæлдæр. Хиуыл, лæппу, дæ бон куы цæуа, Уымæй у, уымæй лæг лæг дæр!.. Дзагæфсир цъой сæркъул у иууыл, Фæлæ цъæмæлæй та у схъæл. Лæппу, цæуæд дæ бон дæхиуыл, Уымæй у, уымæй лæг лæг дæр. Цасфæнды ма змæнт йæ бын бакæн, Гъе уæддæр у йæ сой йæ сæр. Иугæр рæдийыс, уæд ыл басæтт, Уымæй у, уымæй лæг лæг дæр!.. Зæрдæйы тыппыр суадз — дæхиуыл, Лæппу, дзæбæх, дзæбæх фæку. Уадз ’мæ зæгъой: «Æрхудт йæхиуыл!» Уадз ’мæ зæгъой: «Лæг у, лæг у!» Искæуыл дæ бон цæуы, уый хорз у, Фæлæ дæхиуыл та — хуыздæр. Гъе уый дæуæн дæ уды хос у, Уымæй у, уымæй лæг лæг дæр!.. 141
* * * Хæлиу-мæлиу æрбацæуы нæ хъуг, Æрбауасы, дыгъдагуры уый, гукк! Æрбахаста йæ лалымдымст фæздон, Ныр цас уыдзæни а-изæр йæ донхъ?! Тыппыр зæрдæ æрбахастон æз дæр, Мæ тыппыртæ дæуæн нæ кæнын хъæр. Кæнын мæ къуымы сусæг куыд — сым-сым, Фæлæ уæддæр дымсын, дымсын, дымсын... Йæ уд æрцыд, æрулæфыд нæ хъуг, Ды та уал афтæ сусæгкуыдæй ку. Куынæ фæци мæ къуымæл бонмæ дыгъд, Нæма ссыди мæ зæрдæйæн йæ тынг... 142
* * * Фырдзырдæй та ды бацыдтæ дæ удæй, Йæ зæрдæ, дам, ын бахъæлдзæг хъæуы. Дæ ныхæстæм цæссыгимæ фæхудтæ, Æз та дын сæм æдзæссыгæй кæуын. Куыд ис зæрдæйæн асайæн, нæ зонын, Мæ зæрдæ нæ, мæ гуцъа дæ у дзаг. Ныууадз-ма мæ, кæнын дæ разы зоныг, Мырæгæн у цырвы æртах дæр фаг. Нæ цыбыр цардыл ма дзурæм дæргъвæтин, Уæдмæ фæуыдзæн махæн дæр нæ цард, Уæд та дæу дæр, мæ ирхæфсæг, æрфæндид, — Дæргъвæтин цард цыбыр ныхасæн ссар... 143
* * * Дæлæ кæрдæг куыд сырæзт, цæстæй йын хай ма уæд, Уæлæ арвмæ куыд фæцыд мæ бæрз! Æз йæ цъупмæ куы скæсын, мæ худ уæд æрхауы, Уыдон цинæй æз дæр хæссын рæз! Мæнæ хуры тынтæй уæфт алæмæты диссаг Гауыз — сабиты хъазæн цъæх фæз. Дымгæ, ма хиз сæ сæрты, сæ рæзæнтæ исыс, Уыдон цинæй æз дæр хæссын рæз! Кæрдæг, бахатыр мын кæн, мæ цæвæг дæм райстон, О мæ хъæбул, мæ къух дæм фæирвæзт, хатыр, Кæд бынæлвыд хъуынджындæрæй ссæудзæни райсом, Кæд сывæллон æнæ над нæ рæзы, уæддæр. 144
АФОН Змæлынц бæзджынсыф тæгæртæ, — Хуры айдæны тæгæлтæ Аууæттæм, цыма æрхаудтой, Æмæ цæхæртæ ыскалдтой. Радымгæ кодта, куы ’ризæр, Къаппа-къуппа дæр ныффистсæр. Бакæс æм, цыма — тынд мæга: — Дымгæмæ йæ сæр ныллæгуын. Мæнæ бынтондæр ныффыдхъуын, Фæлæ нæу дымгæ йæ фыдгул. Уый йын йæ пыхцылсæр дауы, Æмæ йæ мыггæгтæ тауы. Ма йæ тæхын кæн тыхфутæй, Уый дын нæу пакъуы, æртхутæг. Иугæр куы ’рцæуа йæ рæстæг, Гъе уæд ацæудзæн æрмæстдæр. Цас фæкодтон æз тыххъуыды, Абон дæр ма у хъуыдыды. Де ’фсир куы ’ртонай цъæмæлæй, Хорз æвзар суадздзæни мæрæй? Иугæр дæ афон куы ’рцæуа, Рæстæджы бар у, Хуыцауы, — Къаппа-къуппайæн йæ мыггаг Дымгæ куыд хæссы нæмыггай... 145
* * * Дзурын æмæ, дам, зæгъын Царды иу не сты, бæгуы. Бирæ ис дзурæн дзæгъæл, Иу хатт хуызæнæн зæгъæн...
* * * Цывзы-дзыззы, Дзылакъуы. Мæнæ хуырхæг Цы туаг у! Разынд рагтыд Цæхæра, Фæнычы норст Цæхæрау. Уым ма хуымы — Уырыдзы. Уый, мыййаг, нæу Уырыдзыд... Уыцы хъыцъы, Мæймæбулкъ, Стæй цыдæртæ Ныззæбул... Байхъус, бакус Ныхбынтæй, Уай зæрдæрай Дæ хуымтæй...
ДЗÆНÆТМÆ - ЗЫНДОНÆЙ Тагъд нæ кæныс никуыдæм, уæддæр, дам, мын мæлæт нæй, æмæ мæ фæндаг у дзæнæтмæ... Тагъд нæ кæныс, цæуыс сабыргай, хъеллауæй. Мæнæ — уый, ды та хъуамæ дæ сæрыл хъен лæууай... Уалдзыгон сагъæс... Кæд мын фæци æгæр раггæнд, афтæмæй нырма цæй тауæн, цæй садзæн и! Терк фæивылддæр, йæ сакъадæхтыл ракалд, æмæ мæ уый та куыд сайдзæн?! Тагъд нæ кæныс никуыдæм... Æз удæгæстæй мæрдтæм дæн хæстæгдæр, æмæ мын удисынæн дæр рæстæг нæй.
Æз рæстæгмæ дæн ацы зæххыл,— зыдтон æй æмæ цæуын дзæнæтмæ зындонæй... Æз тагъд кæнын, нæ сафын мæ рæстæг, мыййаг, мыл куынæуал æрцæуа мæ фæззæг.
ЦЪЫНДÆМБÆХСТЫТÆЙ ХЪАЗТ ХУРИМÆ Згъоры бæлццæттæласæн хæдтулгæ размæ. Згъорынц фæстæмæ хæдзæрттæ, бæлæстæ, къудзитæ, æмæ мемæ, цъындæмбæхстытæй хъазгæ, хур сæ фæстæйæ кæны гудзитæ. Аззадысты фæсте хæдзæрттæ, бæлæстæ, къудзитæ. Нал згъоры бæлццæттæласæн хæдтулгæ размæ ацы быгъдæг ран фемдзаст ыстæм хуримæ, стæй — тъæбæртт, æмæ хур — фæраздæр!.. 150
* * * Сæгъы цæстау, арв у дзыхъирд, Цъæхснаг уазал уадултæ судзы. Мæ армдзыхъы — миты дзыкки, Нæма федтон ахæм мит сур дзы! Куыдзы хъуын — куыдзы хæстæн хос, Æмæ циу æдзæлгъæд хъуырдухæн, Дæ цæсгом-ма митæй ныхс хорз, Уæд тымыгъ дæ хъармдæр хъуыртухæн! Цæкуыйы нартхорау-иу зæгъ Куы уара, йæ фæстæ — хæмпус мит, Уæддæр-иу ды ма басæтт, зæгъ: «Мæ тæвд ныхыкъæйыл фæпуси!» Мæ миткалæн хиконд фыййаг, Мæ удылхæцæг, фæсур пъæззы!.. Кæд мах нæ фæбæззæм, мыййаг, Куы фæзæгъæм: «Рæстæг нæ бæззы?!» 151
* * * Сойæвдылдыл ноджы сой ныччынди, Цæхх цæххæй нæ фæкæны цæхджындæр. * * * Нæ фидауы уидон хæрæгыл. Йæ хъуыддæгтæй хорз лæг бæрæг у. * * * Митджын зымæг уарзы мæр, Нал фæразы саузымæй. Иу хъуыды мæм фæгуыры, — Ссад, цыма, нæй фæлгуыры... Хорз у алцы афоныл, — Æрдзæн хъæуы амонын?! Миты бынæй малусæг Ма скæса, — цæй хъал уыдзæн?! * * * Бæхты къæхты хъæрмæ куыд кафа хæрæг, Æндæр, уæдæ, чи у хæлæг лæг, хæлæг?! 152
* * * Ма у къуыртхор каркау, ма у бынхор, Уалдзæгмæ бавæр æвзæрст мыггаг — хор. Й’ арт кæмæн ахуыссы, уый ма уæддæр Ног артæн фæнычы нуæрды зынгтæ. Марадз, дæ фæнык дæр дымгæмæ сдар Æмæ-иу, арсау, дæ дзæмбы ысдæр!.. Акæс-ма, далæ фæныгуылы хур, Фæлæ нæ уыдзæни райсом зынггур!.. 153
Ирæн, дам, йæ хæрзтæ фидæм, Æмæ мах ыстæм йæ фидæн, Афтæмæй сæ бон ныхасын Нæу дыууæ ирон ныхасы... Уæвгæ, чи хъæр кæны тынгдæр, — Нæй йæ арты бын фæнык дæр. Ривад куырой, дам, — хъæргæнаг, Æмæ схъиуагдæр — гæркъæраг. Раттинаг кæд дæ дæ дзулы, — Ратт æй, нал ыл хъæуы дзурын. Хорз дæм хорзæй здæхдзæн искæд, Нæу æфстау — дæтгæ ’мæ исгæ...
* * * Хурхæтæн. Цыппурсы уазал — карз. Дысон кæд нæ батæгæлтæ кæрз?! Дондзæст зæххы, раст, цыма, ныссагъд, Уæны стæгау — ирд арвы нысан. Райсомы хур андзæвыд фыццаг Хохы цъуппыл, сбадт ыл, цыма, царв. Ахæм райсом боныцъæхты ронг, Расыг нæ, æрвонг кæны, æрвонг. Раджы фестаг ’вæсмон у, лæппу, Уый та царды хорз лæджы фæтк у!.. Хурхæтæн нæ цардæн дæр ис, даргъ Цардыбонтæ мах дæр кæнæм, мах... * * * Арвы дуар гом кæны хорз дзырд, Хорз дзырд у зæрдæйы дуар. Судзины фындзæй скъахт зæрдæ, Судзины бынæй — йæ ссард... Арвы дуар гом кæны хорз дзырд, Зæрдæйы дуар у, зæгъынц. Макæмæ бавнал сындз къухæй, — Ссæуы сындзы бынæй сындз!.. 155
ИУ АДÆМЫ ТЫХ Иу цæугæдонæн йæ дыууæ Былгæронау — Ир. Уыцы дыууæ былгæронæй Цæугæдон у иу. Доны фаллаг фарс нæ хоныс Кæд дæхи, фæлæуу, Искуы ацырдыггаг фарс дæр Нал фæуыдзæн дæу! Адæмæй фæйнæ æндахы Мæгуырæн — хæдон. Хох дæр сфæлдахынц мæцъисæй Иу адæм — æнгом... 156
* * * Царды хал, æнæуæдæртт æлхуыйау, Æз тыхтон. Боныгон цырагъ куыд судзай, уыйау, Ехх, сыгъдтæн!.. Бутъыро æхсæв куыд судза, уыйау Æз сыгъдтæн. Царды хал, æнæуæдæртт æлхуыйау, Ехх, тыхтон!..
* * * Мæнæ-ма, цы сыгъдæг у мæ гæххæтт, Æрдзы иууыл диссагдæр — сыгъдæг хъæд!.. Самай йыл дæ хъуыдыты æмбатъæ, Фæлæ йыл ды ма бауадз къæм бадын! Мæнæ-ма, цы сыгъдæг у мæ гæххæтт, Раст, цыма, мæ хуымзæхх у — æнæхæрд. Макуы йæ фæчъизи кæнай, марадз, Сау хъуыдытæ урс гæххæтмæ ма ’руадз!.. 158
* * * Ма зæгъ: «Хицæн сирæй Иу дзыкка — хуыздæр». Ауæдзы æфсирмæ Не смуды куыдз дæр. Зæрдæ цæмæ райы, Уымæ ’ххæссы м’ арм. Фæлæ не ’хсæн зайы ’Нæныгæдæй мард...
* * * Дондзæстмæ афастон Зулмæ мæ сæр. Айдæн нæ мæ хъæуы, Уымæй хуыздæр. Сонт дымгæ ракодта, Базмæлыд дон, Ногæй мæ пыхцыл сæр Доны уыдтон. Æрдзы дæрзæджытæн Бузнæй фæраз! Дондзæст æрсабыр ис, Сæр дæр та — фаст...
* * * Ме ’рра зондыл нал дæн, Ма фыссын — хуыздæр!.. Уæдæ-ма цæй алдзæн — Мидис дæр, хуыз дæр?! ’Рхауы ма цыдæртæ Къæссайæ уæддæр. Цы? Къæссадзæгъдæнтæ, Цы, уæдæ, æндæр? Зæрдæйы хуыдымы Куырой нал ссы зад, Гъе ’рмæст ма йæ къуымы — Фалгæрæтты ссад. Уæдæ-ма цæй алдзæн — Мидис дæр, хуыз дæр?! Ме ’рра зондыл нал дæн, Ма фыссын — хуыздæр!.. 6 Абайты Эдуард
ЦЪИУДУЦ ÆХСÆВ Цъиудуц æхсæв... Цæмæйдæр тыхсын, цыма, чидæр йæ хыссæйы æвдулæнтæ арынджы къуыммæ дæрзæг армытъæпæнæй æрбасæрфы, стæй, цыма, йе ’нæсæрст дзултæ, пецы уæхскыл авæргæйæ, кæрæдзиуыл авæры. Мæнæ дзеудзæлæй æмæ цъыззы!.. Цъиудуц æхсæв... Цæмæйдæр тыхсын. Цæмæн мæм фæкасти сикъотыхтдзыкку сылгоймаджы хуырхы ’хсæнты ракалд, фурдсæххæтгæнæгау, цæмæн? Æви уый мæхи зæрдæ ныссæххæтт кодта, мæхи зæрдæ? Мæнæ дзеудзæлæй æмæ цъыззы!.. Цъиудуц æхсæв... Цæмæйдæр тыхсын. ’У митсайæн хъарм дымгæ æнафон æрбахойæг сылгоймагхонæджы хуызæн... 162
Мæнæ дзеудзæлæй æмæ цъыззы!.. Цъиудуц æхсæв... Цæмæйдæр тыхсын. Цыма мыл кæцæйдæр куыдзы хъист-хъист, куыдзы рæйын ссыд... Цыма йæ сæрæй йæ гæрзбæттæн æппарыныл архайы, адæрджы митæ, мæлæджы катæйттæгæнгæ... Кæд, хорз куыдзау, йæ мард фæсвæдмæ хæссы, фæлæ ацы ’хсæв бастæй баззади, æмæ кæд уымæн хауы йæ удæртау?.. Мæнгæн нæ фæзæгъынц, хатт, дам, мæлæтæй амонддæр ницæмæн хъæуы. Суадзын æй хъæуы, суадзын!.. Мæнæ дзеудзæлæй æмæ цъыззы!.. Цъиудуц æхсæв... Цæмæйдæр тыхсын. Кæм тæдзынæджы бын дæн, кæм — цыхцырæджы бын, кæм — 163
тæдзынæгæй цыхцырæгмæ... Цы уа, цымæ?.. Мæ хъуыды фæхтыкъахт ныккодта, тæдзынæгау, тæдзынæг та Пырхгæнаг цыхцырæгæй тыхджындæр у, уымæн æмæ йæ цæвæн иу ранмæ у. Цы уа, цымæ?.. Кæнын мæ сæрымагъз цъæлтæ лæмарæгау, кæнын хъуыды, суйтæ уадзæгау, æлхынцъытæ халæгау. Кæнынц мæ хъуыдытæ фæкæл-фест, цæкуысхъиуд, пусиргом фæвæййынц... Мæнгæн нæ фæзæгъынц, хатт, дам, мæлæтæй амонддæр ницæмæн хъæуы. Æмæ кæд мæ хъуыды уыцы куыдзау баст у, æмæ адæрджы митæ кæны, мæлæджы катæйттæ, йæхи атоныныл архайгæйæ, мæнæн та суадзын нæ комы... Мæнæ дзеудзæлæй æмæ цъыззы!.. 164
Цъиудуц æхсæв. Цæмæйдæр тыхсын. Чи йæ нæ бавзæрста, æмбисæхсæвты, хъуыды райгуырыны размæ, хуыссæг куыд фæвæййы хæйрæджыты хай æмæ куыд фесты æгуыппæгдзинад, стæй бонивайæнты хурæскасты размæ дзир-дзур куыд уазал вæййы, уый нæ бамбардзæн мæн... Чи йæ нæ федта, мæлдзыгыл йæ мæлæты размæ куыд базайы базыртæ, стæй йæ мæлæты размæ куыд райгуыры удисæг ногæй, уый нæ бамбардзæн мæн... Цъиудуц æхсæв... Цæмæйдæр тыхсын. Мачи мæ мацæмæй фæрсæд! Æз зонын — ницы зонын æппындæр!..
* * * Ысдзуры мæм кæрдæг: «Ныккæрд мæ, ныккæрд!» Мæнæн та мæ цæвæг, Æнхъæлдæн, нызгæ. Куы нал нæм ис хъуг дæр. Æнæ ’лхуый уæдæртт?.. Цæвæгахуыр къухтæ Нæ лæууынц уæддæр. Дæ цæвæг райс ногæй, Кæрдынмæ фæцу. Ысхæсс та хъуг родæй. Ай бодзæн кæрц у?!
МÆ ЦÆУÆНТÆ Мæ хъамбул уæрджытæ, мæ зиууæттæ, Сымах стут мæ цæуæнты, чи, уæдæ? Сымах стут мæ цардæн йæ зиллæттæ. Уæ фæрцы куы фæкæнын зилæнтæ. Куы бахауын катæйтты, сагъæсты, Мæ уынгæг къуым свæййы мын ахæстон. Мæ дзæгъæл къæхтæ та мæ рахастой, Цы бакæнон, афтæ у мах хъæстæ?! Фæндагыл нæ дæн æз дывæндахуыр. Фæцу æмæ ма ’рцуйы фæндагыл Цæудзынæн, ды ма цу мæ фæдагур, Æвдисдзæн мæ къулгард, цы фæдæн, уый. Зындзинæдтæй царды нæу цух иу дæр. Сæрсæфæны сæрмæ æрду хидыл Мæ фæндаг цæудзæни фыдтухиты, Фæстаг æртауыл дзы уым уд хиты. Мæ хъысмæт уыдзæни урс, сау фыры Сыкъатыл. Урс — м’ амонд, сау — сæфынæн, Æмæ кæд мæ амонд нæ бафынæй, Кæд урсыл хæст кæнин Хуыцаувæндæй... Кæд сауыл фæхæст уон, — ныххаудзынæн Æз авддæлдзæхы, мæ уд хъардзынæн, Зæрдæйы рухсы тыныл ссардзынæн Дæумæ фæндаг. Зæрдæ дыл дардзынæн!.. 167
ЦАРД У ЦЫБЫР Мæрдтæм цы фæтагъд кæнæм ныр, Æви нæ бахæццæ уыдзыстæм?! У цард æнæуи дæр цыбыр, Кæнæм нæхæдæг æй цыбырдæр... Хъуыддæгтæ бирæ нæ куы ис, Æрмæст нæхицæн сты кæнинаг, Уæд æй цы фæкæнæм æмбис?! Фыдгул уа цардхъуагæй кæуинаг! Лæджы куы басудзы йæ бас Уæд, дам, уый фу кæны йæ доныл, Нæ хъары махмæ та ныхас. Цы тугуарæн фестæм, мæ боныл?! Нæхи нæу алыхатт нæ бар, Зæгъынц, фæндтæгæнæг Хуыцау у, Æрмæст, æнæ тохæй нæй цард, Цы ’рцæуы — хи фæндæй æрцæуы Хъуыдыйаг цард вæййы, æндæр Мæлæт нæ ’нæрхъуыдыйæ уадзы?! Хъуыды кæн: ’нæкондæй цыдæр Кæд ма мæ кæнинæгтæй баззад... 168
РАЙСОМÆЙ Андзæвыд хохыл фыццаг хуры тын, Адаргъ кæмæндæр йæ райсомы фын. Апырх ис хæдзæрттыл хуррухс — дыдзы. Уæртæ нæ хъомгæс йæ куыстмæ тындзы. Сыхаджы скъæтæй ма хъуысы суых-суых, Чидæр йæ хъуджы нæма фæци дыгъд. Фегом дуар, хъуг дæр йæ хъинцмæ ныййарц, Бауасыд, — адард кæд рæгъау, мыййаг. Скæс ды дæр хурмæ, дæ Хуыцаумæ скæс, Æмæ фæтагъд кæн, у Уымæй фæдзæхст. Бузныг Хуыцауæн, æгайтма дыл сбон, Æмæ дæ абон дæр, знонау, куыстхъом... 169
ИЗÆЙРОН ХУР Изæйрон хур мæ къæхты бынæй лидзы. Йæ фæстæ аууон, сау æндæргау, бафтыд. Нæ сау кæрчытæ урс нартхæрттыл уидзгæ, Куыд æрбацæуынц, растдæриддæр афтæ. Ныууæрды хур хи къæдзæхты дæлфæдджи, Дзæм-дзæмы донау зæххыл ма дзы иу тæпп, Æрæмбырд ыл сты адæм æмæ цъиутæ, Куы фестæм хурхъуаг, адджын нын уæд фæци. Хур аныгуылди, уæлдæр дæр æруазал, Йæхи дæлæмæ саджы сæт æруагъта, Æмæ нæ кæрты бæрз бæласыл баззад, Цыма, сæрдзæдау, хъайваны ’хсæн — сагъдæй... 170
МÆ ФАРСЫЛ НÆ ХÆЦЫ Мæ фарсыл нæ хæцы, Нæ хонын мæхи, Цы куысты нæ тæдзы Цæуылдæр мæ хид... Дæхи уæд дæхи мыд, Нæ мын кæны ад. Мæхи тыд, мæхи тынд — Зæрдæйы бæркад... 171
ТЕРК... Терк, мæ Терк, мæ сабидуджы ахстон, Цал азы дын æз дæ уынæр ахстон!.. Базæронд дæн, абон дæр æй хъусын. Ехх, дæ зарæг афтæ уæд æнусон!.. Фæлæ куыд? Кæф ахсынмæ фæтырнын, Бахауы мæ хызы та уытъырны, Иууыл хуыздæр — цъингуыр. Кæф нæй доны? Бастъæлон, кæсаг ахсын нæ зонын!.. 172
КУЫВД Ныйирд та ис, уæлæ сæгъы цæстау, арв дæр, Дзыхъирд та куы ныцци — цæхгæр. Мæ мынæг цæстытæ дæр сæрттывтой афтæ, Куыд басхъауай арты цæхæр. Сæкæры къæрттытау, сыгъдæг ысты хæхтæ, Кæсынæн сыгъдæг куыд уа уæн. Нæ сыгъзæрин фæззæг, сыгъзæрин тæбæгътæй Фæкуывдæуа, уастæн, дæуæн. Бæркадджын фæззæг та ныл мæнæ куы скодта, Нæ куыстæн уæд кад æмæ рад. Нæ фæззæджы бæркæдтæй дзаг уæнт дæ гонтæ, Фылдæр уæд зæрдæйы бæркад. 173
* * * Хæрзиуджытæй бæргæ кæнут дзæгъ-дзæгъ, Цæххыл ма ноджы айзæрут уæ цæхх, Фæлæ хуыздæр куыннæ фестут æппын?!. Уæ къух, Сырдонау, не ссардта йæ тын... * * * Цы дæн, уый дæн! Цы нæ дæн, уый куыд аразон мæхицæй? Цы дæн, уый дæн! Мæхицæй мын нæй никуыдæм фæлидзæн. Цы дæн, уый дæн!.. 174
* * * Арвыл хуыскъ хъуджы фæздонау — æврагъ, Зæххæн та — дойны. Куры дзы удхосæн иунæг æртах, Мархо йæ хоны... Арв зæхмæ не ’ххæссы, арвмæ та — зæхх, Æмæ ком дарынц. Баиу сты æврæгътæ, къæвда — сæх-сæх, Комуадзæн — уарын... 175
* * * Хуыцауæй бонсайæнтæ ды Кæныс, къæбæрсайæн — хæдзарæй, Дæ чысыл бакуысты та стыр Бæркад уа, курыс уый Хуыцауæй. Уæхскуæзæй исын æз цæвæг, Уис султъы уадзæгау, фæхæссын. Йæ хид цæуыл не ’ркала лæг, Гъе уый хæрынæн дæр нæ бæззы!.. * * # Сем басгуыхтæ махæн ныридæгæн,— Дæ сир кæм нæй, ма тъысс дæ уидыг уым. Цæугæдоны былгæрон чи схъомыл, Йæ раивылæн дæр ын уый зоны... # # * Бæркад — йæ сæр, бæркад — йæ бын, Йæ къæбила кæнæм цæхджын, Нæй ад æнæ йæ бын хъæдуры. Уыциу-уыциу, цы у уый? Нуры! 176
* * * Хур йæ фæстаг фæсонтæй Судзы разæй, Фæлæ у мæ фæсонтæн Уазал, уазал. Фæззæджы бæрæгастæу Худыс разæй. Кæд мæ фæстæ ракастæ — Уазал, уазал...
ИУ МАДÆЙ ГУЫРД... Иу мадæй гуырд куы сты, Иу мадæй, бæргæ, О, фæлæ сæ куысты Нæй цæхæр, зæрдæ... Кастысты сæ уæны Дард фыдæлтæ дард, Мард, дам, у æхсæны, ’Нæныгæдæй зад. Гормæттæ, нæма йæ Бамбæрстат ныр дæр, Иумæйаг дзыккайæ Хицæн сир — хуыздæр... Иу уды хæлар куыст Иннæмæн — хæрам?.. Алкæмæн йæ лауыз Хи мæрдтæн — хæлар... 178
* * * Æнгуз дымгæмæ, цыма, удисæгау, кæны гæндзæхтæдзæгъдæн далæ, æмæ æнгуздзæссыгтæ зæххы хъæбæрмæ згъалы. Иуафон бæстæ фегуыппæг ис, фæкуыддæр, æмæ йын арв, цыма, йæхиуыл фæкуыдта. Чидæр байдзаг кодта æнгузтæй йæ дзыппытæ, йæ дæттæ. Къæвда дæр æй нæ баурæдта, æмæ йæ куынæ баурæдтой йæ мæрдтæ... Æнгуз та, мæгуырæг, цыма йæ «цæссыгтæй» дæр кæны æфсæрмы, æмæ сæ йæ сыфтæрты бын æмбæхсы, æфсæры...
СÆРМÆТÆН Чи зоны, æмæ мæ уарзтæй бынгондæр ысхъыг дæ, Æмæ мыл уый тыххæй схъызынц кæд де ’лхынцъ æрфгуытæ? Цас мæ нæ уарзыс ды, уыйас дæ уарзын æз тынгдæр, Уыйас дæм райхæлынц тынгдæр мæ халас æрфгуытæ. Чи зоны, æмæ мæ уарзт дæм фæкасти æмбойны, Кæнæ æгæр цæхджын, уый та куы фæкæны дойны. Бахатыр мын кæн, дæу аккаг кæд уарзын нæ зонын, Фæлæ æркæнын уæддæр та дæ суадонмæ зоныг... 180
ХЪÆБУЛЫ ХЪÆБУЛ Сæрмæт, куыд адджын уыд дæ аба, Æмæ цæй æхцон уыд дæ хъæбыс! Мæ зæрдæ хуры фарсмæ абадт, Цæй чысыл амондæн фæхъæуы!.. Чысыл! Фæлæ мæ амонд стыр у! Мæ гыццыл Сæрмæт, ме стыр амонд, Ды ме ’хгæд зæрдæйы гуыдырæн Сыгъзæрин дæгъæл ссардтай абон... 181
* * * Æмæ та цыдæртæ фыссын, Куыд ныууасы й’афоныл уасæг. Цæмæн у мæ зæрдæ фысым, Уый искæмæн — йе ’хсызгон уазæг... Æмæ та цыдæртæ фыссын... Ныууасыд æнафоны уасæг!.. Мæ зæрдæ цæуылдæр тыхсы, — Цæудзæн нæм æнафоны уазæг!.. * * * Мæ ныхасмæ фесхъиудта иу ус, Тæвд къæйыл куыд фесхъиуы цæкуы. Æрвдзæфау фæдæн, цыма, иу уысм... Фыдæлты æмбисонд æцæг у, Нæй иу аххосæй, зæгъы, аххос. Мæ масты зынг, ма сгуыпп кæн, ахуысс!.. 182
ÆХСÆРТÆГÆН Иурæстæджы, уæ фарн бирæ, мæ фырт Æхсæртæг йæ авоæны тъæпæ- нæй йæ къухтæ сласта, куыддæртæй авдæнбостæ суæгъд кодта, йæхи рай- хæлдта, бынмæ æрбырыд æмæ авдæ- ны бынмæ фæидайст стæм, авдæны йæ куы нал баййæфтам, иæд. Уый авдæны бын йæ сыппайæ авоæны чъил хоста... Чидæр куынæ кæны читт дæр, Цæстытæ — сасиры чъилтæ. Адæмы бафтыдта дисыл — Бон уылынг рæзыд, ’хсæв — дисны. Атыдта й’ авдæнтъæпæнтæ, Дард балцы араст — хæтæнты. Уый хъоппæг цæстытæ — дзагъул, Нарты Сослан у — тыхагур. Уыйау дæхи, цыма, сдыдтай, Гуккытæ тъæпæнæй стыдтай, Райхæлдтай авдæнбæттæнтæ, Авдæнбын — де стыр хæтæнтæ. Нарты кадджытæй уый — кадæг. Ахуысс уал, айрæз мын цадæг, Тагъд дон, дам, не ’ййафы фурды, Дугъ нæй гæппæй дæр, мæ хуртын. Цалынмæ ницы æмбарыс, Уалынмæ ’нæмæтæй ахуысс. 183
Цард ды куы бамбарай иугæр, — Хъахъхъæн дæ зæрдæ, дæ игæр!.. Агуысси уал кæн, лолотæ, Мыстытæ бахордтой бонтæ?! Хур дæм куы ракæна гудзи, — Де ’ууæнк ыл бафтау, скæн уцци!..
* * * Ныхасæй дын хорзæй цы зæгъон, Мæ зæрдæ куынæ зæгъа уый, Фæлтау зæгъæд афтæ хорз зæрдæ, Мæ бон æй куыд не суа зæгъын. Зæрдæйы дон уадзыны бæсты, Зæгъæнт-иу: «Йæ дзыхы уыд дон».. * * * Цæугæдонау, ивылы рæстæг, Цæуы ’мæ йын аскъуыйæн нæй. Мах хъахъхъæнынц азтæ æрмæстдæр Тыгъдады дзæгъæл кæнынæй. Æрцыд та нæм Ног аз дæр мæнæ, Сси бæстæ гуыпп æмæ гæрах. Кæй та фæхæстæгдæр стæм мæрдтæм, Ныртæккæ уый не ’ндавы мах. Цæрыны ныфс размæ нæ ’ссоны, Хуыцауыл фæдзæхсæм нæхи. Йæ хъысмæт кæй ничи нæ зоны, Кæд уыцы ран царды тых и?! 185
* * * Хъæзæй хъæзнæй хъазы Терк Тæккæ тæрккæй у тентекк. Уæлæ уылæн уылæн тагъд ’Рсуры ’фсургъыл — абыхуагъд... Урс дзæнхъадуртæй хæндыг Уый куы нывæрдта — фæрныг. Терчы лакъонæй гукку Скодта къулбадæг лæппу. Дзæнхъа-цыхт уыди йæ гах, Тæвд ызмисыл фых-дыдагъ. Терчы уылæнты æхсыр Ныр йæ лакъон буар æхсы...
СÆРГÆНДТÆ Ирон аив дзырды зиууон. Къадзаты Станислав ... 5 Æртхуроны хай 9 Афтæ цæр 10 «Сасиры чъилтыл ссыд...» 11 «Нæ цинæй, нæ мастæй æргом...» 12 Нæртон ардбахæрд 13 Фæндагамонд 14 «Хъилхъæдур ивазы хурмæ йæхи...» 16 «Калы арв къæртайæ...» 17 «О Зæхх, æрмæст дæ тихалæг дæн æз...» 18 «Д’ амонд ’нæбары...» 19 «Хуыцауы рæтъузæм мах абон къæцæлтæй...» .... 20 Сæрибары ад 21 «Хус сыфтæртæй лыстæныл тымбылтæй...» 22 Тыхджын дæ, туг 23 «Атахти стъалы, æрбайсæфт...» 24 «Куы фæкæнын монцкаст...» 25 «Арв ферттив-ферттив кæны...» 27 «Йæ хæдзары чи никуы сызмæста сир...» 28 Хи зарæг 29 У æлкурдиат — æрдз 30 Зарæг Ногирыл 31 «Æрбадтæ дæ хъугæн йæ быны...» 32 «Уæ бæласы цъуппыл...» 33 «Диссаг куыннæ у уый. Скæс-ма...» 34 «Ныр тагъд уыдзæн сусæн...» 35 «Мах дын — цæджындзтæ, ды — аххæрæг...» .... 36 «Чысылæй дæр æз буц митæ нæ уарзтон...» 38 «Терчы уынæргъын мæм рудзынгæй хъуысы...» ... 40 Мæ фысым 41 Раджы стаг — æвæсмон 43 Фыдымады хуыд дзабыртæ 44 187
Æууæндын 45 Хъуг 46 Райсомæй раджы 47 Мадæрвадæлтæ 48 Сыхаг 50 Хосгæрсты 51 «Цъæх уалдзæг та райтынг...» 52 «Цъупп чылауи хорз ыссау и...» 53 Хосы тæф 54 «Мæстæй тыфылтæ ...» 55 Æрбацæуы уалдзæг 56 «Къæвда арвы джезæйæ...» 57 Ивдзæн бон 58 Æртхъирæны 59 Зымæгон хур 60 Рабон кæны 61 «У арвæрдын...» 62 «Тæлфаг, фыдхуыссины бынæй...» 63 «Мæ цым та æрцымдта...» 64 Хур, кæм дæ? 65 Катайаг зæрдæйы рис 66 «Дæ зул цæстæнгасæй...» 67 Зæрдæйы хъарм 68 Зæрдæйы æлхынцъ 69 «Æз зынджы къæртт дæн...» 70 «Судзгæ дыгъуылæйттæ...» 71 «Кæцы дæ уый? Ног цъылынау...» 73 Мæ хуры тын 74 «Пысырайы уыраугæ сыгъд нæ бавзæрстай...» ... 76 Ном 77 Хъæуы 78 Цы нæ дæн, уый 79 «Мах иууылдæр уыдзыстæм...» 80 «Зæххыл фæцæуы æнгузæн йæ къæрцц...» 81 «Цæрæнбонты мæхимæ æз хæцыдтæн...» 82 «Зокъозæронд баци...» 83 Дзæгъæл куыдз 84 Ном — уæззау уаргъ 85 Зæхх хъуамæ уый уа! 86 Уадз, æмæ басудза 87 188
Уый бæрæг нæу! 88 «Нæлгоймаг хаста худ...» 89 Нæ дæн бынхос 90 «Уыдон, дам, лыстæг хъуыддæгтæ сты...» — Сидзæр рæуæд 91 «Хуыцауы бар хи бакæнæм фыццаг...» 92 «Мæгуырæй æрмгуырой хъыррыстгæнгæ зил...» ... 93 Мады мысгæйæ 94 Мæн ничи хъæуы 95 Фын 97 Фæллой 99 Цæуыл хæрæм кæрæдзи? 100 Нæ дæн айуан 101 Нæ ахады хион цæсты 102 «Сты мæ цæстытæ...» 103 Мады зæрдæ 104 Иу у сæ хъæстæ 106 Авдæны зарæг 107 Куывд 108 Амынд 109 Цуаны 110 Сир дæр — хорз 111 Хъул абадт сах 112 Иу боны хосдзау 113 Арвы дзæгъæл нæрд 114 Куадзæн 115 Хуры хъарм 116 Ног цард 117 Стырзæрдæ 118 Хъуыды 119 Цæстсайæн 120 «Сисут уæззау чырын...» 121 Нæ хъуг 122 Зæрдæмæ хъусын 124 Æнæравдылд дзыкка 125 Æмсиæхстæ 126 Æнæзæрдæ цард 127 Æрдæгфыст æмдзæвгæ 128 Æххуысы хал 129 Ногбоны сагъæс 130 189
Æгъуыссæг æхсæв 131 «Мæгуыр у дæ къоппа...» 132 «Хæфсы цы мара...» 133 Рагуалдзæг 134 Æрæгвæззæджы цин 135 Хæдзары зæд 136 Тæргайгæнаг 137 Ныййарæджы тухæн 138 Ахæр, Гоцо! 139 Лæг лæг у 141 «Хæлиу-мæлиу æрбацæуы нæ хъуг...» 142 «Фырдзырдæй та ды бацыдтæ дæ удæй...» 143 «Дæлæ кæрдæг куыд сырæзт...» 144 Афон 145 «Дзурын æмæ, дам, зæгъын...» 146 «Цывзы-дзыззы...» 147 Дзæнæтмæ — зындонæй 148 Цъындæмбæхсынтæй хъазт хуримæ 150 «Сæгъы цæстау, арв у дзыхъирд...» 151 «Сойæвдылдыл ноджы сой ныччынди...» 152 «Нæ фидауы идон хæрæгыл...» — «Митджын зымæг уарзы мæр...» — «Бæхты къæхты хъæрмæ куыд кафа хæрæг...» .... — «Ма у къуыртхор каркау, ма у бынхор...» 153 «Ирæн, дам, йæ хæрзтæ фидæм...» 154 «Хурхæтæн. Цыппурсы уазал — карз...» 155 «Арвы дуар гом кæны хорз дзырд...» — Иу адæмы тых 156 «Царды хал æнæуæдæртт æлхуыйау...» 157 «Мæнæ-ма, цы сыгъдæг у мæ гæххæтт...» 158 «Ма зæгъ: «Хицæн сирæй...» 159 «Дондзæстмæ афастон...» 160 «Ме ’рра зондыл нал дæн...» 161 Цъиудуц æхсæв 162 «Ысдзуры мæм кæрдæг...» 166 ^æ цæуæнтæ 167 Цард у цыбыр 168 Райсомæй 169 190
Изæйрон хур 170 Мæ фарсыл нæ хæцы 171 Терк 172 Куывд 173 «Хæрзиуджытæй бæргæ кæнут дзæгъ-дзæгъ...» ... 174 «Цы дæн, уый дæн...» — «Арвыл, хуыскъ хъуджы фæздонау — æврагъ...» 175 «Хуыцауæй бонсайæнтæ ды ...» 176 «Сем басгуыхтæ махæн ныридæгæн...» — «Бæркад — йæ сæр, бæркад — йæ бын...» — «Хур йæ фæстаг фæсонтæй...» 177 Иу мадæй гуырд 178 «Æнгуз дымгæмæ...» 179 Сæрмæтæн 180 Хъæбулы хъæбул 181 «Æмæ та цыдæртæ фыссын...» 182 «Мæ ныхасмæ фесхъиудта иу ус...» — Æхсæртæгæн 183 «Ныхасæй дын хорзæй цы зæгъон...» 185 «Цæугæдонау, ивылы рæстæг...» — «Хъæзæй хъæзнæй хъазы Терк...» 186
Литературно-художественноеиздание АБАЕВ ЭДУАРД АЛЕКСАНДРОВИЧ Крупица счастья Стихи на осетинском языке «Издательство «Ир» Гл. редактор Т Т Техов Директор К. У Таутиев Редактор издания М. А. Будаева Художник и художественный редактор Н. У. Гаппоева Технический редактор А. В. Ядыкина Оригинал-макет 3. С Мисикова Подписано к печати 20.08.2020. Формат бумаги 70x90 732. Бум. 80 г/м2. Гарн. шрифта «Кудряшов». Печать офсетная. Усл.-п. л. 7,02. Учётно-изд.л. 5,09. Тираж 200 экз. Изд. № 12. Заказ №309. Комитет Республики Северная Осетия-Алания по печати и делам издательств. ГУП РСО-Алания «Издательство «Ир», 362040, г. Владикавказ, проспект Мира, 25. Тел. (8672) 333-199, 333-198 Е-таП: 12(1а1еНг@уап(1ех.ги. Интернет-сайт: ^улу\>УЛ2(1а*еНг.ги Отпечатано в АО «Осетия-Полиграфсервис», 362015, г. Владикавказ, пр. Коста, 11.