Text
                    МАЛИТЫ ВАСО
ГУЙМАН
Повестъ æмæ радзырдтæ
ЧИНЫГУАДЗÆН «ИР»
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1977


С(Осет) М17 Малиты В. М 17 Гуйман. Повесть æмæ радзьтрдтæ. Орджоннкидзе, «Ир», 1977. 264 с. 737—38 М 21—77 С(Осет) М131(03)— 77 ч ’ I© Издательство «Ир», 1977 г.
ГУЙМАН ПОВЕСТЬ ÆРФÆН: Гуйман... Ме ’намондæн ыл фембæлдтæн... Цæуы мыл æхсæрдæе æмæ ссæдз азы, кусын Хæ- нæзы хъæуы колхоз «Сырх тырыса»-йы сæрдарæй. Институт каст куы фæдæн, уæдæй нырмæ ам’ цæрын. Фыццаг куыстон агрономæй, стæй — сæйраг агроно- мæй. Æрæджы мæ равзæрстой сæрдарæй. Зæнæгæй мын ис иунæг фырт, ауалдзæг йæ æхсæз азы йæхи фесты. Мæ бинойнаг Зарстæ фармацевт у, раздæр районы центры афтечы куыста — фывдаг хатт æй уынгæ дæр уым фæкодтон. Мæхицæи бынат куыд нал ардтон, æхсæв мыл хуыссæг куыд нал хæцыд, уыдæттæ дардыл дзуринаг сты, фæлæ уын мæ уар- зондзинады хабæрттæп ну а:пæ -рад’зургæ нæй... Уый уыди уалдзæджы, фæткъуы бæлас дндинæг калдта — æз уыцы афонæй фылдæр ницы уарзын. Сæумæцъаг- хæй мæ «газик»-ыл ацыдтæн быдырмæ, æрзылдтæн хуымтыл — уæд нартхоры сау хал дзæбæх- сзынди 3
зæххæй, æмæ йыл ауагътам фыццаг похци. ,Аз хорз хаста, зæхх дон æмæ хурæй æмхуызон æфсæст уы- ди, быдыр сæууон ирдгæмæ тыбар-тыбур кодта хъал зайæг халы æртæхджын базыртæй, æмæ мæм афтæ каст, цыма- быдыр ’байдзаг чындздзон чызгæй, ка- фынц, æмæ се змæлдимæ ферттивынц сæ сызгъæрин хъуссæджытæ. Фæсуарыны хурмæ йæ лæхъир стыр къуыбæрт- тæй фæхъæбæр быдырон фæндагæн, æмæ мæ машинæ схъиудтытæгæнгæ тахти хуымгæрæтты. Мæ зæрдæ хъæлдзæг уыди æмæ мæхицæн зарын: Сердца красавиц Склонны к иЗЙене И к перемене, Как ветер мая... Ацы зарæг фыццаг хатт æмдзæрæны Гуйманæй фехъуыстон. Æнхъæлдæн, уæд фыццаг курсы ахуыр кодтам. Иуизæр кæцæйдæр къуылыхнозтджынæй фæ- зынд, уаты астæу хæбæц æрлæууыд æмæ йæ ныц- цæлхъ ласта. Æз сынтæгыл уæлгоммæ хуыссын, цы- дæр чиныг кастæн. Йæ хъæрæй мæ хъустæ акъуыр- ма сты. Мæ къухæй йæм амонын, банцай, зæгъгæ, фæлæ 1мæ хъуыды дæр нæ кæны. Зард куы фæци, уæд æм дзурын: — Хъус-ма, артист, дæ фæд-фæд ам исчи куы ■’рбалæууа, уæд та? Гуйман хæстулæфт кæны, йæ цæстытæ æрттивынц. - — Цы загътай, Æрфæн? — Æррадонæй куы ралыгъдтæ, уæд дæ ничи федта? Йæ тæвдыл эда уыди æмæ йæм, æвæццæгæн, мæ ныхас æвиппайды нæ бахъардта. Стæй’æваст куыд- дæр фестъæлфыд, дыма иын исчи йæ дыууæ уæны астæу судзин ацавта — йæ хæлар мидбылхудт йæ 4
цæсгомæн цыдæр æрбацп, æрбапсæфт йæ бинаг был дæр—уæлладжы бып пæхп амбæхста, æмæ афтæ зынд, цыма пæ дзых пупæг бæзджыи былæй коид у. Фæтарстæн—ныртæккгс пырдиаг кæпдзæн. Йас. кæ- уын ма тыххæй чи уромы, ахæм сывæллопау—йæ бакаст. Йæ зæрдæйыуаг мартъийы бонау иугæндзо- нæй бирæ нæ хæссы, уый зыдтон’—кæд æмае куыд фæиннæрдæм уыдзæн, уый базонæн нæй — фæлæ уы- цы’Хъазæн ныхасмæ къæссавæлдæхт фæуыдзæн, уый :æнхъæл чи уыди... Фæтарстæн — ныртæккæ нырдиаг кæ’ндзæн. Æрсабыр æй кæнон лæгъз ныхасæй. Фæлæ уайтагъд мæ хъуыды аивтон: дыджызæ нæ дæн, йæ рæвдауын мæимæ кæсы? Хæрæгыл цæфхæдты бæсты фæлмæп дзабыртæ куыд сфидауой, афтæ фидауы нæлгоймагыл дæр йæ тæнзæрдæ. Гъæй кæн, мæ лы- мæн, зарынмæ рæвдз дæ, фæлæ цымæ жæуынмæ та куыд арæхсыс — ма нын( æй^ бавгъау кæн. Чиньиг фæлдахын ^æмæ æнхъæлмæ кæсын. Фæлæ трагикон хæкъуырццы бæсты райхъуыст цъæтджын сынтæдл^ы хъыс-хъыс. Мæхи йæм разылдтон — мæ бакомкоммæ хуыссы; нæ сынтæджытæ рудзынджы фæйнæфарс æвæрд сты. Хъæццулы бынæй ма йæ сæры тенка зы- иы, йе^’ргом — къулырдæм. Цыдæр мæстæймарæн ныхас зæгъынмæ ма хъавыдтæн, фæлæ йын фæтæри- гъæд кодтон: пæ нывæрзæны цур. бандоныл иннæ. дзаумæтты уæлæ уæгъдæппæрстæй—йæ хæдон, йæ дыс æрзæбул пъолмæ, цыма истæмæ æвнальт, уыйау. Цы- дæр æдзæллагдзинад уыди уыцы нывы, æмæ мæ зæр- дыл æрбалæууыд, Гуйман сидзæр кæй у... Æмбисæхсæв райхъал дæн йæ зарынмæ. Майкæ æмæ трусичы лæууы мæ уæлхъус, йæ хурхуадындзтæ йын цыма насосæй ныддымдæуыди, уыйау ныддæн- гæл сты скъуиныны’ онг, нæ цæсгом — сырх-сырхид, зыр-зыр кæны: б
— Худ, паяц, дæ саст хъысмæтыл, худ æмæ ку* у-уу!.. Æз фæгæпп кодтои, мæ хъæццул ып йæ сæрыл .баппæрстон, афтæмæй йын йæ къубал ацахстон фæ- стæрдыгæй, йæ роцъо йын цонгæй хæрдмæ сæлхъыв- тон, æмæ’ фæсыпп. йæ’ гæндзæхтæ цæгъды, йæхи фе- уæгъд кæныныл архайы, фæлæ кæм!.. — Гъа-ма, тенор, Чио-Чио-Саны зарæг сис! — дзу- рын æм. — Суадз! — хъуысы хъæццулы бынæй йæ мæллæг хъæлæс. Иæ бон базыдта æмæ æрсабыр, нал хъуыр- духæн кодта йæхи суæгъд кæныныл. — Искуы ма уырсы уаст кæндзынæ? — Нал. Суагътон æй. Иæ сæр сусæны бæхы тылд кæны, йæ ’хъуыр йæ армытъæпæнæй æууæрды, цыма йæ хурхы исты ныссагъди, æмæ уый сæппарынмæ хъа- вы, уыйау «кхы», «кхы» кæны. Æрæджиау йæ сæт нынныхъуырдта, йæхи сраст кодта. Кæсы мын мæ цæстытæм комкоммæ. Æз дæр æм кæсын. Диссаг! Куыд нæ смæсты? Мидбылты худы. — Цæуыл худыс? — фæрсын æй. — Дæуыл. — Иунæг йæхиуыл фæхуды. Гуйман йæ чыр-чырæй не ,'нцайы. «Нозтмæ æмхиц куы нæ вæййы, чи йын бадардта? Уæвгæ йын цастæ хъæуы, иунæг бæгæныйы къусæй дæр фæкуырис уы- дзæн». Йæ худынмæ æз дæр а^нæбары худын. — Ма 1кæ, .хуыздæр дын у, дæ сæрыл та дын гол-. лаг кæнын! - Гуцман йæ худып тыхурæд кæны, йæ сынтæджы ^урмæ бацыд. Цыдæр хинкаст мæм фæкодта уырды- гæй æмæ та ныппыррыкк ласта. Стæй йæхи йæ дзыхъмæ баппæрста — гобан арф хъуылфæй бынмæ ё
ныххаудта, лæмæгъ телхыз æй ’хæрдмæ иал сфæрæз: та, кæд йæ уаргъ афтæ уæззау нæ уыди, уæддæр. Æмæ та Гуйман хъæццулы бын чысыл къуыбылой фестад, æрмæст ныр æнцад нæ лæууы — пуртийау хæрдмæ фæхау-фæхау кæны, æмæ йæ зæронд сынтæ- гæн йæ.хъыс-хъыс цæуы. Артæнскъуыдтæ кæны фыр- худæгæй. Ай цы кæны, æви сансала бахордта? Фæ- лæ, йæм ницыуал сдзырдтон, цырагъ ахуыссын код- тон æмæ схуыссыдтæн. • Райсомæй куы райхъал дæн, уæддæр дын æй мæ уæлхъус лæугæ куы сеарин! Кæсын æм, дис кæнын, цы йæ хъæуы? Хуыссæнхъæлдзæгæй мæ чемы дзæ- бæх нæма -’рцыдтæн, фæлæ ’Мæ зæрдыл дысоны ха- бæрттæ куы ’рбалæууыдысты, уæд фæтарстæн: ныр- тæккæ та ныйилæ-лæй кæндзæн! Æз дæр уыциу гæпп ракодтон мæ сынтæгæй, мæ хъæццул раскъæфтон— куыддæр йæ дзых фæхæлиу кæна, афтæ та йын йæ сæр æрбатухдзынæн. Фæлæ Гуйманмæ, æнхъæлдæн, зарыны зæрдæ нæ уыди. Тæфæрфæсгæнæгау лæууы, джихæй кæсы мæ нывæрзæнмæ. Мæ базыцъар чъи- зигомау кæй у, кæд -мын уый мæ цæстмæ дары?Æмæ абон хуыссæндзаумæттæ ивæн бон кæй у, уый нæ зоны? Кæннод йæхи базыцъар сыгъдæгдæр у? Нæ, йæхи цæсты къала бæлас ма уына æмæ искæй цæс- ты æрдумæ амона — Гуйманы ахæмæй нæ зонын. Фæлæ уæддæр мæ хъæццул базыл баппæрстои — кæд цыфæнды у, уæддæр йæ каст уырдæм у. Зæрдæдзу- ринагæй ма æндæр цы ис мæ хуыссæны? — Цæй,— дзурын æм,— кæд дæ суртæ кæньш афон æрцыди, уæд æфсæрмы ма кæя — райдай. — Æрфæп,— Гуйманы бакаст ахæм тыхстхуыз уыди, йæ хъæлæс — æнкъард, æмæ æцæгæйдæр фæ- тарстæн: мацы бæллæх мыл æрцæуæд.— Дысон куы бафынæй дæ, уæд... Хъуыды кодтон, мæ маст дæ 7
куыд райсон... Æмæ æидæр ницы æрхъуыды кодтон. Хатыр дæ курын. Цытæ дзуры, куы ницы йын æмбарын. Бакастæн æм: йæ нозт нæма ссыди? — Мæ бæгæныйыл мын сусæгæй арахъхъ ныккод- той.Куыд сæрра дæн! Иæ цæегом фæлурс, мæ базыцъарау— æн- цъылдтæ. — Цæй, цæуыл хъуырдухæн кæныс, æвзæрæй ни- цы ракодтай. — Ныртæккæ йæ фендзынæ,— загъта Гуйман æмæ сæргуыбырæй баздæхт йæ сынтæгмæ. Мæ хæлаф скодтон, тумбочкæйæ райстон дæн- дæгты пастæ, щеткæ, сапон, мæ къухмæрзæн мæ уæхокыл баппæрстон æмæ ращыдтæн ’уатæй. Къæли- доры м’æ комкоммæ æрбацæйцыд Зæлинæ, ме ’мкур- еон чызг. Салам ын радтон, фæлæ уый дзуапп рат- тыны бæсты ныппыррыкк’ кодта æмæ мæ цурæй ли- дзæг фæци, цыма емынæйæ рынчын дæн, æмæ йæхи- цæп фæтарст. Кæсын йæ фæдыл — сæ уаты дуар йæ сæрыл бахаста. Мæ маст æм рафыхт: цæуыл лыр- рыччытæ ;кæны? Чыеыл ма бахъæуа иæ фæдыл ма фæраст уон — æрфæрсон æй æррадоны адрисæй. Фæ- лæ æваст мæ зæрдыл æрбаллæууыд Гуйманы расыг кæлнкæл. Мæ зæрдæ фæкъæпп кодта—пыдæр баст- дзинад ис ме ’мбалы маймулийы митæ æмæ, чызг ныртæккæ йæхи куыд дардта,"уый æхсæн! Мацы мын бакусæд уыцы тенор, дзæгъæл хуымæтæджы мæ нæ куырдта хатыртæ! Уыцы тæвдæй смидæг дæн хи- хсæны. Мæ амондæи дзы ничи уыди иу фæтæнуæхск ! лæппуйæ фæстæмæ, уый дæр мæм лæууыди чъыл- дыммæ — йæ фынкæйдзаг сæр дардта къранты’до- |ны уазал цыхцырæгмæ. Зыдтон æй, чи у, фæлæ йын «бонхорз» дæр пæ загътоп, куы мæм ракæса, зæгъ- 8
гæ. Мæ къахфындзтыл хъуызæгау бацыдтæн кæсæн- мæ. Дæ балгъитæджы дæр ахæм хуызы куы фенис: айдæнæй мæм быдзæуы хуызæн хæлиудзыхæй касти ’агрофачы фыццаг курсы студент Цæронты Æрфæн... схъæл рихитæ æмæ нæл сæгъы боцъоимæ! Мæ зонд адзæгъæл, фырмæстæй мæ нырдиаг кæнынмæ бирæ нал хъуыди., Артæфтыд агъуыстæй лидзæг^ау раз- гъордтон хихсæнæй, фæлæ фæстæмæ фездæхтæн: къæлидоры иннæ кæрон чызджыты уатыдуар фегом æмæ дзы кæл-кæлгæнгæ ракалдысты Зæлинæ æмæ йе , ’мбæлттæ. Цирк ссардтой, зоопарк, сырддон!.. Гъых, тенор, тенор, æз дын дæ хурхуадындзтæй хъис- фæндыры тæптæ куы нæ саразон! Мæхи æхсын, мæ цæсгом сапоиæй æууæрдыи, мæ ныхтæй хафын мæ фындзы бын æмæ мæ роцъо — чернилæ буарæй куыд зынтæй юсæуы, уый дып пæ зонын! Фæтæнуæхск лæп- пу куы ацыд, уæд кæсæнмæ бауадтæн. Чернилæйы хъæстæ бæргæ иал уыди мæ цæсгомыл, фæлæ рихи- тæ’æмæ боцъо бæрæгæй баззадысты, æцæг сæ хуыз рапвтой сырхæй — цæсгомы цъар фырхафтæй тугæр- хæмтты онг сси. Æз хихсæнæй цы зæрдæйыуагимæ рацыдтæн, мæ фыдгул ахæм зæрдæйыуа<гимæ фæцæ- рæд.' Нæ уаты дуар’ къахæй скъуырдтон, бахызтæн мидæмæ. Мæ фæнд цæттæ уыди: æнæдзургæйæ йæм бацæудзыиæн æмæ тæккæ былтæн—гуыпп! Тымбыл- къухæй. Мæ хуылыдз къухмæрзæн сынтæджы къу- хыл баппæрстон, хихсæн дзаумæттæ тумбочкæйы ба- калдтон, Æрмæст сапоньг къопп мæ къухæй æрхауди, пъолыл дæлгоммæ бафæлдæхти. Фæлæбурдтон æм — пъолыл æхсыры хуызæн урс доны хуыпп аззад, са- пон — нæй. Уый дæр мæ фырмæстæй ферох хихсæны. Афтид къопп гом рудзынгæй — зыввытт, мæхæдæг фæзылдтæн Шаляпипмæ. Уый Пушкины кæсагахсæ- гауч бады сынтæджы кæрон афтид мидæггаг дзаумæт- 9
ты æмæ мæм кæсы—мæнæ хъазы цæсгом!—цыма æппындæр ницы æрцыди, уыйау. — Æрфæн,— зæгъы,— ды тынг рæсугъд нæлгой- маг дæ. Ахæм фактурæимæ оперæйы зарæн ис,— сыс- тад, йæ сæр, бæрзонд систа, йæ къух мердæм æрба- даргъ кодта, цыма йæ армытъæпæн æвдисы: — Верди. Риголетто. Сценæйы—Герцог — Æр- фæн. Зары: Сердца красавиц Склонны к измсне И к перемене, Как ве... Сæгъы мехъхъ ма фæкодта, мæгуыр. Сценæмæ- кæсджытæн йæ а’ивадæй сæ сæртæ разилын кодта,, зæрдæхъæрмттæ фесты, кæронмæ зарын æй нал ба- уагътой.., Гъе,. æрмæст æмдзæгъды бæсты райхъуыст æхсæрфарсы гæрах. О, уæд ма тæвдтуг уыдтæн... Уал азы рацыди, фæлæ ма ныр дæр мæ зæрдыл ме ’нахъæл ми куы æрбалæууы — мæхимидæг фырфæс- монæй ныккæрзын... Диссаг куыд нæ у: мæстæй йæм скъуийын, фæлæ мын йæ ныхæстæ цыдæр æхсызгон ад кодтой. Йæ зарæг дæр мæм ацы хатт бахъард- та — мæлæты рæсугъд мæм фæкасти (æз дæр-иу æй мæхинымæр зарыдтæн, иунæгæй куы вæййын, мæнæ ныры хуызæн, уæд æй хъæрæй дæр сисын). Цæви- наг дæр æй нал уыдтæн, фæлæ, ~мæгъа... мæ къух куыддæр йæхи ’гъдауæй аирвæзт... Гуйманæн цыма йæ сæр разылд æмæ хауынæй фæтарст, уыйау йæ сынтæджы къухмæ фæлæбурдта, стæй сабыргай æр- бадти. Нæма мыл æртæфсти ме ’дылы зонд, мæ тæв- дыл ма уыдтæн æмæ йæм фесгуыхæг схъæл лæгау з^шæрвæссонæй дзурын: — Мыст къахта, къахта æмæ гæдыйы сæр скъах- 10
та. Йу дæхи хуызæнæй хъаз æмæ æнæмастæй ба- дай. Мæ сынтæгмæ баздæхтæн, тумбочкæмæ æргуыбыр ♦кодтоп, цыма дзы цыдæр агуырдтон, фæлæ мæ хъæу- гæ ницы кодта — афтæ æнæуи, мæхи цы фæкæноп, уый нæ зыдтон. _Мæ гæрзтæ кæныныл куьГфæуыда- ин, уæд мзе уатæй дæррацæуын бахъуыдаид—уæв- гæ, институтмæ цæуын афон дæр уыди, фæлæ мæ зæрдæ нæ куымдта ме ’мбалы ахæм уавæры иунæгæй ныууадзын. Дзуццæджы ’ бадьщ, тумбочкæйы дзау- мæттæ ракал-бакал кæиын... /Еваст райхъуыст хъуы- мацы пъæгъгъæтт. Фæкастæн: Гуйманы зæронд джип- пæйфыст хæдоны/риу æрфарин цæхгæрмæ — йæ кæ- рæттæ йын хæлафы комы цавта, æмæ йыл æв’æццæ- гæн, бынмæ æгæр æрхæцыд. Фырмæстæй. Æз æм кæсгæйæ баззадтæн. Зыдтон — æндæр хæдон ыи нæй. Æнæбопæй æрбадти бандоныл, пæ къухтæй йæ цæс- гом бааууон кодта... Куыдта æнæхъыпп-сьшпæй. Аф- тæ дæр фæкæуынц. Æмæ мæ искуы ферох уыдзæн, уæд,куыд зыр-зыр кодта, уый? Уæд ма лæппутæ уы- дыстæм... Мæ чумæдаи мæ сыптæджы бынæй ралас- тон,. систон дзы мæ ног хæдон — бæрæгбонмæ йыл ауæрстон,— бацыдтæн æм æмæ йын æй йæ уæхскыл æрæвæрдтон, Мæхæдæг тагъд-тагъдæй мæ гæрзтæ акодтон, райстон мæ чингуытæ, тетрæдтæ æмæ федде дæн... 1 ’’ * . ’ , Гуйман лекцитæм нæ фæзынд. Æз джихæй кас- тæнч ахуыргæнджытæм, фæлæ цы дзырдтой, уый нæ хъуыстон. Дуары хъæр-иу куы фæцыд,' уæд-иу фе- стъæлфыдтæн — кæд Гуйман фæзынди, зæгъгæ. Аф- тæ мæм касти, цыма мæ цуры куы уыдаид, уæд мæ зæрдаГ афтæ тынг нæ риссид... Иннæ бонтæй уæлдай лекциты фæстæ хæрæндонмæ дæр нæ бацыдтæн, атындзыдтон æмдзæрæнмæ. Гуйманы уым дæр нæ 11
баййæфтон. Мæ хæдон ссардтон мæ сынтæгыл... Уы- цы бон æз цы ^бавзæрстон, дæ фыдгул дæр уый б^в- зарæд... Уыйфæстæ бахæлар стæм. Мæ лæвар дæр мын райста. Иу бон дæр æнæ кæрæдзи нал фæрæз- там. О, фæлæ уыдон дардыл ныхæстæ сты. Æз уыцы уалдзæджы кой кæнын — уыди фæткъуы бæласы ди- динæг калæн афон. ’ Быдырон фæндаджы стыр къуыбæрттыл схъиуд- тытæгæнгæ уади мæ «газик» Сылтаныхъы тъæпæн- тæм — уым цалдæр тракторæй похци ластой. Иуран фæндаггæрон ставд-зæнг тута бæласы бын мæ ма- шинæ ныууагътон, мæхæдæг нартхоры рæнхъыты æх- сæн фæцæуын,— кæсын механизаторты куыстмæ, пох- цигонд зæххæй армыдзаг фелвасын, аууæрдын æй ме ’нгуылдзтæй. Ставд къуыбар дзы никуы уынын — зæхх .фæлмæн у, зæрДæхæлар сывæллонау кæсы хуымгæнæджы коммæ. Æвзартæ ранæй-рæтты азза- дысты гуппæрттæй — сæ цауддæрты сын стонын. Мæ комкоммæ æрбацæуы Гардан йæ тракторыл, рагацау мæм^йæ^къух тилы, худы йæ мидбылты, æз дæр æм мæ хистæр æнгуылдз схъæлæй æвдисын, «цæхх» дæр ма йыл айзæрстон —’тынг хорз! Раст уыцы рæстæ- джы фæндагæй) æрбайхъуыст машинæйы уает, фæ- кастæн фæстæмæ — мæ «газичы» цур æрлæууыд так- си, рахызт дзы... Сагъдауæн аззадтæп хуымы астæу, мæ цæ’стытыл не ’ууæидын. Фæлæ мæм уый йæ къух тилы, ^цыма йæ удхос мæнмæ ис, уыйау, ноджы йæ къахæй зæхх æртъæпп-кæны — тагъддæр^ тагъддæр! Заретæ! Цы хур, цы къæвда? Згъорын’, фæлмæн хуымзæххы мæ къæхтæ фадхъулты онг аныхсынц, туфлиты .уæлфæдтæ сыджытæй айдзаг сты. Фæндаг- мæ иæма ^рахызтæн, афтæ’ æрлæууыдтæн. Заретæ мæм æдзынæг кæсы урс къуымбилы ставд æндахæй быд пæлæхсар худы чысыл аууондары бынты, цыма 12
мæн тыххæй æнахуыр хабар фехъуыста æмæ, æцæг у æ$и нæ, уый мæ цæсгомыл бакæсынмæ хъавы. — Тæрсгæ мæ кæныс? Хæстæгдæр рацу,— загъта Заретæ. Таксийæ рахызти домбæйттæарæзт лæппулæг бæ- гъæмсарæй, йæ цыбыр бæзджын сæрыхъуыи — къæ- бæлдзыг, йæ уæлæ — тæнæг цъында хæдон æмæ ^ырынтæ. пинджак. Æрлæууыд Заретæйы фарсмæ, æл- хынцъæрфыгæй мæм кæсы. Кæм ма йæ федтон? Кæ- цæй йæ зонын? Фæлæ мæ чемы дзæбæх нæма æрцыд- тæн æмæ йæ не ’рхъуыды кодтон. Æрмæст мæ йæ конд æмæ йæ уынды цыдæр æууæндын кодта, кæд- дæриддæр мын æнæуынон кæй уыди. — Мæнæ ай у? — йæ фындзæй бахъуым-хъуым кодта, æмæ йæ бьтлтæ зылынæй аззадысты. Заретæ йæ сæр батылдта: ,— Уый. Æз сæм бацыдтæн æмæ нæлгоймагмæ мæ къух бадаргъ кодтон — мæ ныхы бынтæ сыджытæй дзаг кæй сты, уый дæр мæ æрбайрох. Æмæ æвиппайды... Ауыдтон ма: йæ чысыл цыргъ роцъойы бын февзæрд йæ тымбылкъух. Стæй райхъуыст æвирхъау цæлхъхъ, цыма мæ фæокъæбут дыууæ машинæйы се ’рра скъæрды кæрæдзй скъуырдтой. Афтæ мæм фæкаст, цыма мæ сæры магъз фæпырх, сæрыкъуыдыр фе- хæлд. Цæстытæ хортауæгау фæйнæрдæм айдзæхстой нартхоры нæмыджы йас сау-сауид тæппытæ; фæс- тæмæ атахтæн, фæлæ нæ ахаудтæн. Мæ былтæ срыс- тысты æмæ æвиппайды мæ зæрдыл æрбалæууыд, кæм æй федтон, уый. Боксер! Уæрæсейы хуссар зонæйы ерыеты бацахста æртыккаг бынат. Нæ горæты фыц- цаг æрмкъух! Уынын ын йæ фæтæн фæсонтæ, æр- гуыбыр кодта, æвналы таксийы дуары хæцæнмæ. Афтæмæй нæ ацæудзынæ. Гъа ныр ыл мæхи бас- 13
къæрон, зæгъгæ, афтæ Заретæйы цæнгтæ мæ бæрз^- йыл атыхстысты. Йæ худы аууондар’æрбамбæлд мæ фындзы рагъыл, мæ цæсгомыл æрбакалд йæ хъдрм улæфт... Куы æрчъицыдтон, уæд такси уым нал уыд. Заретæ мын мæ <былтæ сæрфта (йæ къухмæрзæнæй. Йæ пу уадул йæхицæн дæр уыди мæ туджы хъæ- стæ. * — Тынг мæм мæсты кæныс, Æрфæн? Æз хъæрæй ныххудтæн. Уæдæйын æндæр цы дзуапп раттапп? Мæ удæй фылдæр кæй уарзтон, уы- мæ ’куыд уыди мæстыгæнæн? Заретæ йæ сæр æр- уагъта. Сабыр хъæлæсæй райдыдта: — Мæ фæдыл, рагæй зилы... Нæ хæдзармæ нын минæвæрттæ дæр æрбарвыста... Мæ сæрæи дзы нал уыдтæн... Æмæ йын загътон... Æндæр кæпдæр уар- зын, зæгъга?, йын загътои... Бахатыр кæн. Мæ фæс- таг курдиат,ч дам, мын сæххæст кæн — фепын мын кæн, кæуыл мæ баивтай, уый. Ахæм гадзрахат ми бакæндзæн, уый æнхъæл та чи уыди? Уыцы бонæй мæй рацыди, афтæ чындзæхсæв са- рæзтам... Сывæллон нып куьГ райгуырд, уæд Заретæ йæ куыст ныууагъта — алы бон районмæ куыд фæ- цыдаид, хъæуы та афтек иæ уыди. Не ’фсин хъын- цъым кодта, мæ дæсныйад4 ферох кæндзынæн, къус- тæхсæгæй баззайдзынæн, зæгъгæ, æмæ дъæуæй ли- дзынтыл систæм. Фæлæ мæм уæдмæ райкоммæ фæ- дзырдтой. — Колхозæн разамонæг хъæуы,— загъта мын фыццаг секретарь Зæнгионты Гæтæг. Æз зыдтон, нæ сæрдары ньГн æндæр куыстмæ ивынц, уый, бацагурдзысты мæ, ууыл дæр æууæн- дыдтæн: куы нæ мыл барвæссыдаиккой, уæд зæрдæ- худтæй адымдтаин хъæуæй. Уæдæ рæгъмæ мæ ра- за^й кæй уыди рахæссæн? Фæлæ мæ уæддæр пæ фæн- 14
дыд сæрдары бынатмæ. Æз ын радзырдтон мæ би- нойнаджы хабæрттæ. I — Уый æфсонæн нæ бæззы. Уæ хъæуы ис амбу- лаЧори, рынчындон. Стæй уырдыгæй ардæм авд ки- лойетрæй фылдæр нæй. Машинæтæ, автобустæ дыу- ’уæрдæм кæнынц. Фистæгæй-иу * куы суайа, уæддæр ницй кæны. Дохтыртæ (сæхæдæг куы амонынц — змæлын хъæуы! — Уый афтæ у, фæлæ... Мæхæдæг дæр мæ ныфс нæ. хæссын. Зæнгиопы фырт’йæ рæмбыныкъæдз стъолы тигъмæ сарæзта, йæ тымбылкъухыл йæ уæззау роцъойæ æрæнцад, кæсы мын мæ цæстытæм æдзыпæг — зæр-" диагæй дзурып æви нæ, æвæццæгæн æй уый.бамба- рын фæнды. — Лæппу, дзургæ ма кæн!—йæ мидбылты цы- дæр хинхудт бакодта æмæ къæлæтджыны йæхи фæс- тæмæ ауагъта. Стæй арф ныуулæфыд, йæ цæсгом фæсагъæсхуыз. Сыстад, сæргуыбырæй къæсæргæрон- мæ араст. Йæ къухтæ йæ фæсонтыл дзуарæвæрд. Дуары цур æрлæууыд, йæ хæцæнмæ йын бавиæлдта. Стæй та. фæстæмæ раздæхт. Мæ уæлхъус слæууыд. Æз сыстынмæ хъавыдтæн, фæлæ мын ,уый мæ уæхс- кыл бынмæ æрхæцыд. — Нæ фæндыл сразы дæ, зæгъгæ, нымайдзы- стæм. Кус æмæ кусын жæн. Судз æмæ зынг æфтау. Хуыцау дæ чысыл хъуыддæгтыл ма бафтауæд — къахдзынæ сæ æмæ дыл кæлдзысты — фæуæн сын нæй æмæ дæ сæ быны фæкæндзысты. Иу ран ца- лынхмæ æмпъузæн æвæрай, уæдмæ иннæ ран аскъуий- дзæн. Афтæ у лыстæг хъуыддæгты мидуаг, сæ зил- духы логикæ. Алырдыгæй.хъæрахст сисынц, æмæ сæ лæг кæцымæ лæбура, уый нал фæзоны, се ’хсæн сцоппæй вæйпы. Стыр хъуы’ддæгты сæ аууон фæкæ- 15
нынц. Райдайын хъæуы стыр хъуыддагæй — уый й л. къæхтыл куы слæууа, уæд алцыдæр йæ бына ы абаддзæн.л Стæй, дæхæдæг æй зоныс, æз дæр м нырма ног кусæг дæн. Дæу сæрдарæй равзарæм, ый райкомы иннæ кусджыты фæндон у. Мæ мидуавæр мæхæдæг дæр дзæбæх не ’мфйерс- тон, райкомæй куы рацыдтæн уæд: Зæнгионы /фыр- ты ныхæстæй мæм сæвзæрд уæлмонц разæнгарддзи- над, фæндыдис мæ æвæстиатæй райдайын, кусын, йæхи загъдау — судзын, фæлæ уыимæ мæ зæрдæ цæ- уылдæр рысти, тыхстæн—кæд, миййаг, куыд æмбæ- лы, мæхи афтæ нæ дардтон... Райкомы агъуысты цур тротуары рæбын иннæ машинæты астæу лæууыди мæ зæронд «газик», йæ сæр æмæ рудзгуыты æвгтыл — мит. Скастæн хæрд- мæ — акъациты хихтæй чырс кæлы æвзист лæхурæ- гæй; цæстытæ къахы йе ’рттывдæй. Зымæгон хур ар- выл бæрзонд ссыди, асфальт фæндаджы бырынцъаг тæнæг ихдæлм тайын райдыдта. Æз ахъуыды код- тон: «Бирæ нал ис ног азмæ...» Мæ цæстытыл ауа- ди нæ сæрдары ног «Волгæ». Сбадтæн мæ машинæ- йы. Цыма æфсæйнæгты асыкк батылдæуыд, уыйау райхъуыст моторы дзыгъал-мыгъул, ныккæрзыдта, стæй æрæджиау скуыста. Афтæ фæкæны мæ хæд- тулгæйы зæронд æппынæдзух дæр, хъуыр-хъуыргæнаг зæронд лæгау 1æнæ схæц-ныххæцæй коммæ никуы кæ- сы, фæлæ мын уæд — диссаг куыд нæ у!— æхсызгон уыди йæ «хуыфын», уымæн æмæ дзы æз цыдæр хуызы уыдтон мæхи сраст кæныны фæрæз: нал бæззы, æмæ язндæр машинæйыл сбадын хъæуы — гæнæн нæй. Мæ «газик» фæндагмæ разылдтон æмæ араст дæн районы центры сæйраг уынджы. Цæуын, дымгæ сыф- сЦф кæны дуæрттæ æмæ рудэгуыты зыхъхъыртæй. Заретæ мын палто скæнын кодта, райкоммæ, дам, 16
йжрцы куыд иæуыс. Æз та йылфæцахуыр дæн æмæ мын уазал у. Пец ссудзын кодтон, уый дæр уыйас нщц>1 ахъаз кæны — дымгæ йын йæ тæф æддæмæ ас- къ&фы. Фæлæ мын мæ къæхтæ хорз хъарм кæны. Мæ\фæндаг фæсаджил, мæ цыд фæсабырдæр код- тон — хъæуырдæм раздæхын хъуыд. Фæлæ æз æм- раст ацыдтæн. Æмæ дыууæ са’хаты фæстæ горæты балæууыдтæн. Институтмæ мцдæмæ бацæуын нæ ба- хъуыди: куыддæр машинæйæ рахызтæн, афтæ мæ цу- ры февзæрд Гуйман! Кæй къах мын фæбæззыд, чи уыд уыцы хæрзæмбæлæг! Фæцæуы мæ иувæрсты, нæ мæ æрхъуыды кодта. Йæ уаг нæ халы — кæсы йæ къæхты бынмæ, фæрсырдæм дын дзæгъæл каст нæ фæкæндзæн. Йæ къухтæ йæ сау- палтойы дзыппыты тъыст, рæмбыныкъæдзтæй йæ тæнтæ æлхъивы. Чысыл, къæсхуыр. Палто дæр — сау, шляпæ дæр. Мæ зæр- дыл ч æрбалæууыд: «Халон баргъæвст сындзыл...» Хъ’æрæй ныххудтæн. Фæлæ мæм нæ фæкаст. Чи зо- ны, кæдæм та адзæгъæл йæ хъуыдыты? * — Гуйман! Куыддæр фестъæлфыдысты йæ цыргъ уæхсчытæ, фæстæмæ ракаст. - Иæ кæсæнцæстытæм галиу къухæй сæвнæлдта, цыма, йæ уæлæ сты æви нæ, уый бæрæг кæны. Хæ- къуырццы хуызæн цыдæр мыр дзы схаудта, æмæ йæ дзых гомæй аззад. Æнæхъæн афæдз кæрæдзи нæ федтам! Æрбазгъордта мæм, йæ хъæбысы мæ фел- вæста — йæ ас цы уыди, уымæй тыхджындæр уыди. Зилы мæ. — Цы хур, цы къæвда? — куы мæ суагъта, уæд тыхулæфтгæнгæ бафарста ме ’рдхорд. — Дæумæ ссыдтæн. — Дæ зæрдыл ма куыд æрлæууыдтæн? — Æвдæлы дæ? 2 Гуйман 17
— Ныртæккæ — о. — Уæдæ машинæйы сбад. — Машлнæйы сбаддзынæн, фæлæ фæндаг мæ^æ- дæг амондзынæн,— загъта Гуйман æмæ машинæмæ бахызт. Æз дæр йæ фарсмæ рулы уæлхъус сбацтæн. скусын кодтон мотор, араст стæм. — Гуйман, абон æз цы зæгъон, ууыл дыууæ ма зæгъ,— загътон æз. . . Уый мæм æрбакаст. Зæгъгæ ницы кодта, фæлæ æз бамбæрстои, мæ фæндыл .æхсызгонæй сразы. Иæ кæ- сæнщæстытæ систа, сæрфы сæ къухмæрзæнæй. Фæр- сын <æй: — Ницыма? — Ома? — Дæ цæст никæуыл ма æрæвæрдтай? — Кæй хъæуын?.. — Æнæус лæг — паддзахады знаг. Дзæбæх æрталынгтæ, афтæ æрхæццæ стæм. Ресто- ран «Ацæмæз». Лæууы районы центрæй нæ хъæуы æхсæн’нæзы бæлæсты бын Æрæфы тæккæ былгæрон. Иæ кæрты — дыууæ «Жигули»-йы, «Волгæ», уæзла- сæн машинæ. Изæрон уазал ирдгæ. нæм^ хæрзæггу- рæггаг фæци — æрбахаста физонæджы хæрздæф. Ми- дæгæй цыди хъæлæба ныхас. — Диссаджы рæсугъд ран у,— загъта Гуйман.— Ахæм ран цæрыыы бар дын уæд, æмæ горæты рыг æмæ хъæрахстæй дæ’уд ратонын.ма фæраз. — Мæ разæй дыл цыдæр хорз цæудзæн, æз дæр • дын уый,зæгъннаг уыдтæн. Размæ! Рестораны бирæ адæм уыд— минаогæнджытæ æр- , тыгæйттæ-цыпæргæйттæй бадтысты цалдæр фынгыл. Се ’ппæт дæр мæ зонгæтæ разындысты. Куыддæр къæсæрæй бахызтыстæм, афтæ алырдыгæй схор-хор кодтой — бира^тæ сыстадысты, сæ къухы — æмбæ- 18
улæггæгтæ/ -Фæлæ æз мæкъухтæ уацары бахауæгау ’ЪёрДмæ сдардтон'’æмæ сæ рæзты баивгъуыдтон къуыммæ —- уæгъд стъолмæ. Гуйман æрбадти мæ ксшкоммæ, йæ къухтæ к’æрæдзнуыл æууæрста, æвæц- цæгæн, фæндагыл суазал, æмæ касти,,залы къултыл Цы’ ньгвтæ уьтди, уыдонмæ. Æз фæдзырдтон офицй- анткæмæ,— гмæй размæ йæ ам никуы федтон. — Хус сæн уæм ис? ’ - — Нæн. Æз æм’ рамæсты дæп: Гуймаи хус сæн уарзы, æмæ уый куы нæ уа, уæд нæ бадт æххæст зæрдæйы фæндои иæ ’уыдзæн. Алывыд ып акалынмæ хъавыд- тæн, фæлæ мæ бон сдзурын ницы’ сси: уый лæууыдн нæ уæлхъус1 æмæ мæм комкоммæ касти, йæ уæрæх- гом цæстытæ коммæгæс æмæ æиазымæй æрттывтой, сæ рухс цыдæр хионы тавицæй хъардта суапг зæр- дæмæ; Цæмæпдæр ■ фæкастæп Гупмапмæ æмæ бам- ’бæрстон’—æнæ’ хус сæпæй дæр хъуыддаг хорз у: ме .’рдхорд пæ цæстытæп аныхъуырынмæ хъавы чыз- джы,- йæ ’кæсæнцæстытæ йæ фындзы рагъæн куыд спста, афтæ’ хæцгæйæ сыл баззад й& дыууæ кьухæп, цыма йæ * нымæтын ехсæй æрцавдæуыд. Гунманы сылгоймалмæ афтæ æргом æмæ æдзынæг кæсг?з ни- ■ куы федтон. «Нæ зæронд усгур, мацы бæллæхы ба- хауæд»,— ахъуыды кодтон аез.’Æхсызгон мын ’уыди, чызгмæ йе. • ’ргом афтæ тынг кæй раздæхта — ацы изæр æнæхъæнæй дæр уыди Гуйманы, уый номыл, æмæ мæ фæндыди," цæмæй уа хъæлдзæг æмæ г.монд- джын, сылгоймаг кæм , нæ уа, уым та амонд дæр æмæ хъæлдзæгдзинад дæр къахыр вæййынщ Фæр- сын æй: ■ -— Цы нуазæм? Гуйман Жын дзуапп нæ радта, æвæццæгæп мын мæ ныхас нæ фехъуыста—мæныл иæ уыди. Æваст 19
йæ цæстæнгас систа чызгæй, йæ сæр æруагъта, æвæц/ цæгæн, фефсæрмы, æз æй чызгмæ афтæ къæйныхæй кæсгæ кæй федтон, уымæй. Йæ дзыппæй йæ къух- мæрзæн систа, йæ кæсæнцæстытæ сæрфыныл фæди. Стæй сæ фæстæмæ йæ уæлæ бакодта, йæ халас- дзагъд бæзджын сæрыхъуынтæ йæ армытъæпæнæй фæстæмæ алæгъз кодта, зулмæ та фæкасти офици- анткæмæ. Дзурын та йæм. — Цы уа, уый хорз,— загъта уый. Æз чызгмæ мæ мидбылты бахудтæн, уый дæр мæм бахудти. — Мæн Æрфæн хонынц, ме ’мбалы та — Гуй- ман,— загътон æз. Чызг Гуйманырдæм йæ сæрæй акуывта æмæ цы- бырæй загъта: „ ’ . - . — Кафетæ. Уæд... Уыцы изæр... Лæджы цард хуымзæххы хуы- зæн у: адæм дзы байтауынц хоры нæмгуытæ, дымгæ та йæм æрхæссы хъамылгæрдæджы мыггаг... Цæмæй зыдтон уæд, уьщы изæр, мæ рухс бæллицты астæу мæнæн дæр хъизæмары æнæуынгæ гага мæ удмæ кæй ныххаудта æмæ фидæнмæ йæ сæфтьГ æвзар хуымæллæгау мæ хъысмæтыл кæй стыхсдзæн? Кафетæ йæ чысыл блокноты кърандасæй фыста, æз цы дзырдтон, уый. Нæ разæй куы ацыди, уæд ын лæмбынæгдæр æркастæн .йæ гуырыкæндтытæм. Уы- дис ыл хæрзцыбыр къаба, йæ зæнгтæ нывыл ставд, раст, æнæлаз. Сæ дзæвгар хай гомæй кæй зындис, уымæ гæсгæ æви æцæгæйдæр афтæ уыд — йæ къæх- тæ мæм даргъ фæкастысты. Афтæмæй чызг йæхæдæг бæрзоид пæ зынди асæй. Цыд тасгæ-уасгæ, тагъд, ц’ыбыр къахдзæфтæи. Иæ сæнтсцу дзыккутæ уыды- сты цыбыр къуырд. Иæ кæндтыты, йе змæлдтыты цыдæр уыди сывæллоны æнæрцæфдзинадæй, æмæ 20
\ ^æиæбары ахъуыды кодтон: «Цъæхæй рæгъæд». Уæв- гæ,-ахæм æвзонг дæр нæ уыдаид, чындздзон чызджы кары бацыд — уый бæрæг уыди йæ хиуылхæцгæ сны- хас; йæ бæрзокд риутæ, йæ цæстыты кæлæнгæиæг су- сæг хъазт æмæ алцыфиппайæг лæмбынæг кастæй. Буфеты размæ куы бацыди, уæддæр ма йæм кас- , тæн. Мæнмæ дæр кæсæг уыди — Гуйман мæ ,йæ цæс- тытæ ныссагъта, фæлæ йæ æз нæ фиппайдтон. Бу- фетгæс Барысби Кафетæйæн цыдæртæ дзырдта æмæ махырдæм фæкæс-фæкæс кодта." Барысбийы фæсно- мыгæй Тымбыл хонынц, æмæ йыл фидауы, Сырдо- ныл йæ хин куыд фидауы, афтæ. Гуырæй, цæсгомæй, къахæй, къухæй — цæмæдæриддæр дзы фæкомкоммæ уай—тымбыл. Иæ бæзджын уадултæ æрттивынц, цыма сойæ сæрст сты. Ноджы йæ сæры кæхцыл иу æрдуйы мур нæй — къори фæлмæн уæхсчытыл ратул- батул кæны. Цы дзуры уыцы хæсгæ хуы Кафетæйæн? Цыдæр изгард фæзынди мæ зæрдæйы. Чызг æм æгæр- лæмбынæг кæй х^уыста æмæ йæ мидбылты кæй худ- ти, уый мын(мæ тъæнгтæ цагъта. Ноджы мæ фæрсы- рдыгæй дæр цыдæр тыхсын кодта, æмæ ме ’ргом ра- зылдтон Гуйманмæ — джихæй мæм кæсы. Р1æ былтæ чысыл змæлынц: — Æнхъæлдæн, дæ зæрдæмæ фæцыди? Æз мæ хъæлæсыдзаг ныххудтæн. Кафстæ æмæ нæм буфетгæс фæкастысты. Тымбыл мæм йæ къух тилы, салам мыи дæтты, фæлæ йæ цыма нæ бафип- пайдтоп, уыйау ып дзуапп иæ радтон. — Гунман, байвæд уыдтæ, æмæ байвæдæп баз- задтæ. ’ ч —^ Диссаг...— йæ сæр батылдта ме ’мбал,— ахæм рæсугъд чызг ам... — Къæрныхы сæрыл — зынг.Уый дæхи зæрдæмæ куы фæцыди, уæд æй мердæм цы здахыс? 21
— Нæ, цытæ дзурыс... Уый нырма хæрзæрыгон куы у, уæртæ йæ нæ уыныс? — Чызгыл дæ худ ныццæв æмæ куы нæ ахауа, уæд курыпæп бæззы. * . , — 0, фæлæ... гез йæ цуры зæронд лæг дæн. — Францусаг нымад иæ зоныс? Азтæй дыл цы цæуы, уый дыууæ дихы кæнæм... Æртын фандз дыу- уæйыл... уыдзæн æвддæс... — Æвддэсс æмæ æрдæг. — Лфтæ дæр фæуæд. Æвддæс æмæ æрдæгмæ ~ба- фтау авд. Цыппар æмæ ссæдз. — Æрдæг та цы фæци? — Уый пымады иæу. Лфтæ уæдæ, дæу ракурын хъæуы цыппар æмæ сеæдзаздзыд чызг. — Кафетæйыл та ссæдз азы дæр нæма цæу- дзæн. * ’ — Æмæ æз Кафетæны коп куы нæ кæныи. Гупман хæлпудзыхæп аззад. Дзæгъа^лгаст мæм кæны, пæ дзурын ’кæмæн нæ фæччы, цыма ахæм ха- бар срæдыди. Стæй æваст ныххудти. Йæ сæр тилы æм,æ мæм йе ’нгуылдзæй æвзиды: — Ма кæн, Дæ къæппæджы дæхæдæп бахау- дзынæ! ^ ’ — Чи дзы бахаудта, уый рабæрæг. Гуйман ма цыдæр сдзурынмæ хъавыди, фæлæ уæдмæ нæ уæлхъус æр-балæууыд Кафетаэ, стъолыл æрæвæрдта физонæгæй дзаг дæргъæццон^ тæбæгъ, коньяк æмæ шампайнаджы авг. — Конья1К нын æнахуырæй нищы кæндзæн? — хæрдмæ скастæн не ’фсинмæ. Уый бахудти: | — Уый Барысбийы хуын у, арфæ’ дын кæны, сæр- дарæй дæ кæй сæвæрдтой, уый тыххæй. ’ 1 — Тымбыл- æрхъуыдыджын лæг уыди кæддæрид- да^р,— коньячы авг æрбайстон æмæ йыи ’ пæ этикет- 22
кæмæ кæсын,— хистæр лейтенант, сомихаг. Бæз- зы? — бакастæн Гуйманмæ. Гуйман йæ .уæхечытæ фенщъылдта, ныдæртæ йæ фындзы бын бахъуыр-хъуыр кодта. — Цæй, адæмьг чи нæ мары, уый мах дæр нæ амардзæн,— загътон æз æмæ авг байгом кодтон, мæ- хæдæг скастæн Кафетæмæ.— Арфæ йын ракæ. Кафетæ, ацыди. Мах фæйнæ банызтам. — Мæнæй йæ æмбæхсгæ кæныс? — физонæг æу- уилгæйæ бафарста Гуйман. — Æмбæхсгæйæ куы кæннн, уæд абон ам нæ ба- дис. Гуйман байдзаг кодта рюмкæтæ: ’ , — Дæ цæрæнбоны тыххæй, Æрфæн. Мах æхсæн къæбæлдзыг ныхæстæ нæ фидауы, уыдæттыл ахуыр дæр не стæм, фæлæ хатгай кæрæдзи барæвдауын дæр фæхъæуы. — Гъемæ мæ барæвдау. — Къухы бынмæ ма дзур, фæивар дæ кæндзы- нæн. Сæрдар... уый стыр хъуыддаг у. Тынг стыр. Æмæ дын амонды бынат фæуæд! Гуйман нуазæи йæ былтæм бахаста, цайцымæгау дзы схуыпп кодта, стæй йæ æрæвæрдта стъолыл. — Шампайнагæй йæ баиаздзынæн. — Нæ,— загътон æз,— иунæг шампайнаг дæр нæ. Мæ цæрæнбоны тыххæй хъæбæрæй баназ. Хъæлдзæг уыди нæ бадт. . Нуазæнтæ нæм æрба- цыд, мах дæр æгъдау лæвæрдтам. Гуйман фынгмæ нал æвнæлдта, фæйпæрдæм знæт-ракæс-бакæс кæнып райдыдта, цыма цæмæйдæр тыхсы. Æз хорз æмбæрс- тон, цæуыл скатай, уый. Зарын æм цæуы. Фырæф- сæрмæй рагацау йæ цæсгом сырххъулæттæ фестад (афтæмæй та нозтæй фæлурс кæны), фæлæ йæхи ба- уромын дæр йæ бон нал у. Цæмæп фæныфсджып* 23
дæр уа, уьшæн бирæ нал хъæуы. Фужер ын шам- пайнаг сæнæй байдзаг кодтон, йæ цуры йын &и æрæ- вæрдтон. Гуйман æм фæкаст, æнæдзургæйæ систа мæ нуазæн. Тынг хорз мæ бамбæрста. Фæдæлбыл æй кодта æмæ сыстад. Уыйфæстæ йæ афтæ рæеугъд заргæ никуыуал фсдтон. Чи зоны, æмæ иучысыл нозт- джын кæй уыдтæн, уымæн мæм афтæ фæкаст. Йæ зарынмæ залмæ ракалдысты цæлгæнæиы кусджытæ урс халæтты. Минасгæнджытæ дæр сæ хъæлæба ны- хае фæуагътой — се ’ппæт дæр се ’ргом раздæхтой мах фынгмæ. Æз аивæй мæ цæст дардтон Кафетæ- мæ: буфеты цур цæджындзыл йæхи баыцой кодта æмæ джихæй касти Гуйманмæ, цыма йын йæ зарæг- мæ нæ хъуыста, фæлæ йæ исты диссаг æнæуд дзаума- йау йæ -уынд дисы æфтыдта. Æз сывæллонау буц уыдтæн ме ’мбалæй. Мæн цæмæндæр фæндыд, ме ’рдхорды аивад йæ зæрдæмæ куы фæцыдаид. Фгелæ а:взонг официанткæйы цæсгомыл хуымæтæг цымы- дисдзинадæй уæлдай ницы’ раиртæстон. Æрдæбон дæр ма цыдæр зæрддагондзинадæй лæджы зæрдæ чи ’лхæдта, уыцы стыр цæстытæ уазал æрттывд кодтой. Æмæ æнахуыр хъуыды фæзынд мæ сæры — дард у, тынг дард мæнæй, баххæссæн æм нæй. Ацы хъуыды мæм æвзæрын кодта цыдæр æгъатырдзинад, маст- •И’Сыны азар. Мæ цæстытыл ауад бæгънæгæй хуыссæ- ны. Æз фефсæрмы дæн.- Фефсæрмы дæн мæхицæй иæ, фæлæ Гуйманæй, цыма мын мæ хъуыдытæ цы- дæр æгъдауæм æмбæрста, афтæ мæм касти. Ме ’мбал зард куы фæци, уæддæр ма, Кафетæ лæууыди цæ- джындзы ’нцой. Гуйман йæ бынаты сбадти. Нозт- джын адæмæй чидæр ныхъхъæр кодта: «бис!» Тым- был метры дæргъæн карды тъæпæнæй æрхоста дзи- дз^алыггæнæн фæйнæг, фæлæ йæ цæсгбмыл бæрæг уыди, йæ мид-зæрды йыл зынæрвæссонæй кæй худы. 24'
Залы бадджытæ стæмтæй фæстæмæ æппæт дæр хъа- зæнхъул æдылымæ кæсæгау къæйных æмæ худæн- дз’астæй кастыеты Гуйманмæ. Хорз æмæ сæ уый не '-мбæрста, йæ мидбылты худти, сывæллонау ныфсæр- мы æмæ стъолы тигъыл йæ армытъæпæнтæ дыууæ- рдæм рахаф-бахаф кодта, цыма йæ хæргæ кæнынц. Кафетæ ’ ма ныр дæр цæджындзы æнцой лæууыди æмæ æдзынæгæй касти махырдæм. Цы хъуыды кæ- ны уый та? Мæ амонæн æнгуылдзы чысыл фезмæлд- мæ нæ цуры æрбалæууыд. — Гуйман дæуæн зарыди,— загътон æз. — Мæнæн? — бадис кодта Кафетæ.— Æмæ æз кæм басгуыхтæн? — Ацы гуымиры къупритæ не ’мбарынц клас- сикæ. Кафетæ фæстæмæ фæкасти, бадджытыл йæ цæст ахаста, цьша мын мæ ныхæсты рæстдзинад бæрæг кæны, уыйау. — О, уымæ гæсгæ ам зарыи пæ хъуыди,— загъта уый. Гуйман йе ’ргом разылдта чызгмæ, йæ цæсгомыл ма хъазыди мидбылхудт, фæлæ йæ цæстыты дзæ- гъæлгастæй бæрæг уыди — ацы пыхас ыи йæ зæрдæ судзинау фæрæтъызта. — Тынг рæсугъд хъæлæс ын ис,— загъта Кафетæ. Цыма ныхас æндæр искæуыл цæуы, уыйау мын ме ’мбалмæ кæсгæ дæр нæ фæкодта.— Ахæм зарæг сып æвгъау у... — О,— мæ сæр батылдтон æз,— фæлæ дын куы зæгъын, ам иу адæймяг ис, музьжæ чи ’мбары. — Чи у уый? — Кафетæйы цæстытæ хинæрттывд фæкодтой. * — Ды! — мæ бæсты дзуапп радта Гуйман. Фæлæ та йæм Кафетæ йæ хъус не ’рдардта ныр 25
дæр. Комкоммæ касти мæнмæ. Хъыг мын уыди, ме ’мбалы мын кæй ницæмæ дары, уый, æмæ мæм йемæ дзурын нал цыди. Фæлæ та Кафетæйы стырцæсты- тæй калди, æрдæбон, фыццаг хатт æм куы фæДзырд- тон, уæд кæй бавзæрстон, уыцы æназым тавицы’ су- сæг рухс, æмæ йæм м-æ зæрдæ фæфæлмæн. Мидбыл- ты йæм бахудтæн,' уый дæр мæм бахудти. Æмæ та фæрсырдыгæй мæхиуыл æнкъардтон Гуйманьг сабыр цæстæнгас. — Дæхæдæг кæцæй дæ? — бафарстон чызджы. — Мæнæ Рæзбынæй,— къухæй ацамыдта Кафетæ йæ хъæуырдæм. — Кæйдæр хуызæн мæм кæсыс. — Мæ мады хуызæн,— .чызг бахудти. — Фæлæуу-ма,—бадис кодтон æз,— Разитæ дæ мад у? Кафетæ йæ сæр батылдта. Мæ цæстытыл ауади официанткæ Разитæ — хæрзхуыз, ныллæг сылгоймаг. —, Æмæ йæ бæсты ды кусдзынæ? — бафарстон æз. Чызг куыддæр фæтыхст, йæ сæр аххосджынау бьшмæ æруагъта. - — Æз медучилище каст фæдæн... ацы аз,— йæхи растгæнæгау загъта ’уый.— Уралмæ мæ ’ æрвыстой, фæлæ мæ мамæ нæ ауагъта... Арæх рынчынтæ кæны. — Мах дæ нæ машинæйы баласдзыстæм уæхи- мæ,— зæрдæвæрæгау ын загътон æз, цыма, йæ сæхи- мæ нæ, фæлæ йæ жуысты бынатмæ Уралмæ ласинаг дæн, уыйау. — Нæ, иæ! — фæтæрсæгау кодта чызг. Æз цæмæндæргæсгæ фæкастæн буфетырдæм: йæ цæст нæм аивæй дардта Тымбыл. — Куыд дæ фæнды, афтæ,— загътон æз. Кафетæ йæ мидбылты бахудти, æвæццæгæн æй 26
иæ фæидыд, мæ иыхасы мыи цы бустæйы дæрзæг зæл ацахста, ууыл хъуыддаг ахицæн кæнын. — Бузныг,— фæлмæн хъæлæсæй сдзырдта æмæ мын йæ сæрæй акуывта,— Барысби мæ сыхаг у, уы- имæ ацæудзынæн. Æз зыдтон — Тым’был- æрæджы балхæдта «Ла- дæ». — Анымай нын,— загътон æмæ мæ дзыпмæ ныв- нæлдтон. Уыдис зымæгон ирд æхсæв. Стъалытæ сыгъдæг арвы къуырфы цъæхснаг цъæх æрттывдæй сыгъды- сты, гæрццтгæрвд кодтой фыруазалæй. Нæ машинæ ныууагътам гаражы, фистæгæй цыдыстæм хъæуы сæйраг даргъ уынджы соса фæндагыл .нæхимæ. Нæ къæхты ’бын айчы чафтид хъузгау сæртæг къæр-къæр кодта уæлбыч хъуылфыты ихщъар — уазал дондзæс- тыты æрбалвæста æмæ акъæтæр сты. Рухс ма кал- ди æрмæст иугай хæдзæрттæй. Кæцæйдæр хъæуы дард кæронæй ниудта куыдз, — Хъусыс? — бафарста Гуйман æмæ æрлæууыд. Æз ын мæ ^ъух йæ дæларм фæсагътон, размæ йыл рахæцыдтæн: — Хъæумæ истй, æхсыЗгон уазæг куы æрæфты, уæд уыцы куыдз фырТцшæй ниуын райдайы. Дæхимæ йæ ма бамбар. — 0,— загъта^РуйманХæмæ бахудтй. Фæлæ мæм афтæ* фæкасти,^ыма мын мæ, хъазæи иыхас нæ бам- бæрста. Дзæйгар рæстæг цыдыстæм æиæдзургæйæ, стæп мæ уад’æг Р^ШАДХЯ; - "—- Ку^Тдзы’^Ти’уынæй æнкъарддæр мæм дунепыЛ ницы ,кæсы. Скрипкæйы Оон дæр пæу ахæм æнæбын хъынцъым сфæлдисын. Æз хъæлдзæг уыдтæн, нæ мæм цыди æнкъард ны- 2Г
хæстæм хъуеып. Фæлæ мс ’мбал ’арф иыуулæфыд æмæ йæ ныхас дарддæр кодта: — Хæсты фæстæ уыдн уый. Уæд ма хæрзсывæл- лон уыдтæн. Нæ сыхæгты зæронд куыдз æхсæвы-г гæтты ахæм æбуалгъ ниуд кодта, æмæ-иу- мæ сæры- хъуынтæ фыртæссæй арц сбадтысты, мæ сур хид-иу акалд. Æз нæ сарайы хуыссыдтæн мæ фыдыфсымæ- ры цур, фæллад лæг-иу уайтагъд афынæй, æз та-иу дзæвгар рæстæг^ тыхсæн кодтон йæ фарсмæ. Хъæццу- лы бын-иу мæ сæр арф ныынорстон, фæлæ мæм уыр- дæм дæр лæбурдта куыдзы зæрдæскъуынæг æрхæн- дæг. Мæ фыдыфсымæр-иу мæ хъуырдухæнмæ фе- хъал, сбустæ-иу ,мыл%кодта, цæй фыдхуыссин дæ, зæгъгæ, æмæ чта-иу уайтагъд йæ хуыр-хуыр ссыди. Никуы йын бауæндыдтæн, тæрсгæ кæй кæнын, уый схъæр кæнын — æфсæрмы кодтон мæ тæнзæрдæйæ... Йæхи цотæй мæн фылдæр уарзта, мад дæр мый уый уыди,-фыд дæр. Трактор ыл куыд афæлдæхт, уый дын, æнхъæлдæн, дзырдтон... Æртæ боны ма ацар- ди... Æппынæдзух мæ койкодта, йæ (усæн фæдзæхс- та: «Дæхи сывæллæтты астæу æй макуы мацæмæй фæхъулон кæп». Гъе афтæ... Гуйман банцади, æпæццæгæн, йæ зæрдæ суыигæг/ Нозтджынæй йæ цæссыг арæх æрызгъæлы, уый хорз зыдтон, æмæ ныр дæр тарстæн, йæ æнкъард таурæгъ ын кæуынмæ куы расайа, уымæй. Фæлæ ме ’мбал йæхиуыл хæцыди, схуыфыди, цыма йæ хъуыр сыгъ- дæг кæны—æвæццæгæн, йæ кæуындзæджы къуы- былой æнад таблеткæйау тыххæйты нынныхъуырдта. | — Гъе афтæ,— хъæрæй та х сдзырдта, æмæ æз бамбæрстоп, мæн æууæндын кæпы, ацы изæр йæхи тæнзæрдазиæ кæй пæ равдисдзæн, ууыл. Æз ын йæ т’Ьизынмæ куыд смæсты вæййын, уый дын нæ зо- ны! — Иуæхсæв,— дзуры дарддæр,— нæ фæскъулæй 28
райхъуыст топпы гæрах. Мæ фыдыфсымæр хуыссæ- нæй рагæпп кодта, цæхæрадонмæ разгъордта афтид мидæггаг дзаумæтты. ’ Цалынмæ фæстæмæ здæхти, уæдмæ æз цы.бавзæрстон, уый иунæг хуыцау зоны. Цыма рæстæг иу ран ныллæууыд æмæ, йæ цыд цы уысхмыл аскъуыдис, уымæн фæуæны фæтк нал уыд, æмæ мæ дарæг нал фæзындзæн... Фæлæ фæзынди... Фæцыди дуары хъинц/ Мæ фарсмæ йæхи хъавгæ æр- уагъта — æвæццæгæн, мæнæн фынæй æнхъæл уыди. Æз базмæлыдтæн, фырадæргæй йын йæ уæхскмæ фæлæбурдтон. — Цы кæныс, Гуйман? — йæхи мæнырдæм ра- зылдта мæ фыдыфсымæр,- йæ домбай цæнгтæй мæ йæ риумæ æрбалхъывта,— дæ фыны истæмæй фæ- тарстæ? — Нæ,— зыр-зыр ..кодто’Н æз,— нæ фæтарстæн... Уый цæй гæрах уыди? — Уый ницы... Мæнæ Саулæг йæ куыдзы фехста. — Цæмæн? — Ниугæ кæны... — Агъуыд у? — Цæй агъуыд у! Хæсты фæстæ адæм тарст сты... Фыдбылыз, дам, нæм æрхæсдзæн. Дзæгъæл ныхæстæ! Саулæг, мæгуыр, йæхæдæг дæр хорзау нал у — би- нойнаджы хуызæн сын уыди. Зæронд куыдз æххор- магæй ниуы, уый та йæ маргæ... Цæй, уыдæттыл ма хъуыды кæн, фынæй, фынæй! — Æз æмбисæхсæвмæ мæ фыдыфсымæры хъæ- бысы сусæгæй фæкуыдтон. — Ды алныдæр дæ зæрдæмæ æгæр арф псыс,— загътон æз. — Нæ, ныхас ууыл нæ цæуы... Иæ хицау æй мар- гæ кодта, уый, дам, æм уæддæр йæ фазыл бабырыд, йæ сæр ын йæ къахыл æрæвæрдта æмæ афтæмæй 9^
амард... Куыдз, гадзрахатдзинад цы у, уый иæ зо- ны. Гадзрахатдзинад æрхъуыды кодта адæймаг... — Æрбахæццæ стæм,— загътон æз æмæ соса фæндагæй баздæхтæн нæ бæрзонд æфсæйнаг кул- дуармæ. Нæ хæдзарæн , уынджырдæм цыппар ру- дзынджы ис, иуæй ма дзы калдис мынæг цъæхбын рухс. Æмæ мæ цæстыл ауад нæ. хуыссæнуаты мæ сынтæджы нывæрзæнырдыгæй æвæрд æхсæвсудзæн цырагъыл уæрæхзылд æрвхуыз агъуд. Æхсæв цафон- фæнды æрбаздæхон хæдзармæ, Заретæйы хуысгæ ни- куы æрбаййæфтон. Æгæр æрæгмæ куы фæцæуын, уæд фынæй Ацæмæзы иннæ уатæй æрбахæссы, йæ- хæдæг сынтæгыл. йæ фарсмæ сбады, йæхи къулæнцой æвæрд дыууæ , стыр’ базыл фæстæмæ рауадзы æмæ фæкæсы . исты чиныг рæстæг цыбырдæр кæнынæн. Ныр ; уазæджы размæ афтид æхсæвдарæн хæдоны куыд нæ рауайа, уый тыххæй йæм рагадау бахъæр кодтон, залмæ (афтæ хонæм не стыр уат) куы ба- хызтыстæм, уæд: ч - . ... — Гъей, мардзæ, не ’фсин, сæр дæ бахъуыди, уаз- джытæ дæм дыууæ дыууадæсæй фæцæуынц! — мæ- хæдæг фæсдуар цырагъ ссудзæн æркъæпп кодтон. Цары астæу зуыгъд хрустал люстрæйы дæргъæццон фæрдгуыты тигътæ цæхæр скалдтой. Гуйман къæ- сæргæрон йæ батинкæтæ ласыныл фæци. Æз къахы- дарæсæвæрæнæй фæлодæн дзабыртæ райстон, йæ раз- мæ йын сæ баппæрстон. Мæхæдæг1дæр мæ бæзджын- бып уæззау туфлиты бæттæнтæ халыи. Æнæсыбырт- тæй уатæй разынди Заретæ даргъ халаты. Цыма йын Гуйманы фспд æхсызгон уыдп, афтæ мæм фæкас- 1— Гуйман!-^-дуары тæрвазыл джихæй лæугæ аз- зайи не ’фсий,— ЦЫ хур, цы къæвда? Гуйман йæ цурмæ бацыди, йæ къух ын райста. аб
— ’Де ’хсæвтæ хорз, Заретæ. Ныр хæдзармæ цæ- уыд афон бæргæ нал у... '-=- Мæнæ, цытæ дзуры-де ’рдхорд!— йæхи фæтар крдта Заретæ, йæхæдæг мæнырдæм фæкаети,— æмæ уыимæ сырх дæр нæ кæны.— Йæ къух ауыгъта æмæ хъæлдзæгæй. ныххудти.— Де ’мбалы хæдзармæ дæ с.æрмагонд афонтæ хъæуы? _— Гъæй, Агуындæ, уазæгуарзон æфсин кæй дæ, уый равдие! — дзурын æм къæсæргæронæй мæ туф- литæ ласгæ-ласын. — Чи нæм цæуа, уый йæ йæхæдæг фендзæн,— æртхъирæнгæнæгау загъта Заретæ.— Уæхи æрбæстон кæнут. Æрфæн, уазæгмæ фæкæе,— йæхæдæг цæлгæ- нæнмæ фæраст. Чысыл фæстæдæр мæм уырдыгæй æрбадзырдта: ; — Æрфæн, иучысыл мæ хъæуые. Æз хатыр ракуырдтон Гуйманæй æмæ цæлгæнæн- мæ бацыдтæн. Заретæ уазалгæнæны дуар уæрæх бай- гом кодта. — Æрбакæс-ма. Уазалгæнæн уыди дзидзайæ йæ тæккæ дзаг. — Кæм -дын уыди? — Физопæг ’уын акæиоп? — Кæм дын уьтди, зæгъын? —’ Дзибнс æй æрбалæвæрдта. Роды дзпдза, дам, у. , Иæ сæпраг зооте’хнпк зоны, æз цы уарзын, уый. Хатгай-иу мын фæамал кодта физонæджы фаг роды дзидзайæ, фæлæ мын мæ хæдзармæ йæхæдæг, стæй уыйбæрц æрбампъуха, мæнæй уыйас æфсæрмыйаг нæ,-уыди — кæд лымæнæй цардыстæм, уæддæр фысы зæрдæ иумæ иæ бахордтам кæрæдзийæ æфсымæртæ зæгъынмæ: Уыцы минут мæ цæстытыл ауад Тымбыл, цыма йæ гæмæх сæрьжæхц сывæллæтты чиныгæй ра- 31
тылд, , былтæ æмæ цæстытæ кæуыл сныв кæнынц, ахæм хурау йæ мидбылты худы, хъусты кæрæттæм айвæзтысты æрдын къæлæтæй йæ бæзджын былтæ. Кæцæй зоны, мæн сæрдарæй кæй æвзарынц, уый? Фæлæ Дзибис йæхи афтæ дардзæн, цыма ницы зоны, райкоммæ мæм цæмæн фæсидтысты, уымæн. Цы мыл æрцыди? Хорз æви фыдæх? Уазалгæнæнмæ кæсгæйæ æвиппайды бамбæрстон: абонæй фæстæмæ цы уыд- тæн, уый нал дæн, æндæр адæймаг сдæн уыдонæн. Мæхицæн та? - ’ — Цы джихтæ кæныс? — Мæ цæстытæм мын ком- коммæ’ касти Заретæ, фæндыди йæ мæ хъуыдытæ бамбарын. Нæ, æз цы дæн, уымæй баззайдзынæн. Лæг хъуа- мæ йæхи аккаг ма кæна йæ бынат, фæлæ йæхæдæг хъуамæ уа йæ бынаты а<ккаг. — Цьг нæ дары Дзибис? Заретæ уазалгæнæны дуар сабыргай бахгæдта. — Нæ зопып,— загъта уый,— мæнæй афтæ демæ ныхасгонд у. Æз Заретæйы уæд ницæмæй аххосджын кодтон — ирон хæдзарæй лæг ратæрын зын у, дæ туджджын куы уа, уæддæр. Уæлдайдæр дæм хуынимæ куы ’рба- цæуа... Фæлæ мæхæдæг мæ мид-зæрдæйы стыхстæн, нæ зыдтон, цы бакæнон, уый. Арвитин ын йæ хуын фæстæмæ? Æмæ йæ кæд сыгъдæгкъух æмæ сыгъдæг: зæрдæйæ æрбахаста, уæд та?^Кæд æцæгæйдæр ныр- ма нæма зоны райкомы уынаффæ... Мæхи цæсты мæ- хи сраст кæнынæн бæззыди ацы хъуыды, æмæ ууыл ахицæы мæ дывæнд, уымæн æмæ хорз зыдтон, мæ , цæсгом нæ бахъæцдзæн мæ хæдзармæ æрбацæуæг .хуын сæгад кæиын — уæд мæхæдæг дæр цæмæйдæр ^æгад кæыын—адæмы æхсæн куы цæрай, уæд дзы бирæ лыстæг фæзилæнтæ ис. 32
— Гуймапы афæрсон. Кæд æп хуыссæг нæма ах- сы, уæд физонæг мæхæдæг акæндзынæн,— загътон æз æмæ радыдтæн залмæ. Гуйман диваныл куыд æрбадти, афтæ бафынæй. Нал æй райхъал кодтои, хъæццул æмæ йын баз ра-( хастон, йæ ■ йинджак ьш раластон æмæ йæ диваныл арæхстгай æруагътон. Цырагъ ахуыссыи кодтон æмæ иннæ уатмæ бацыдтæн. Ацæмæз йæхи байгом кодта, афтæмæй фынæй кæны — йæхиуыл æмбæрзт нæ уа- дзы, йæ хъæццул йæ къæхтæй иуварс аппары. Æз æм к.æсыи æмæ мæмндбылты худып. Заретæ æрбахызт къæсæрæй, дуар йæ фæдыл бæстон æрбахгæдта. Са- быр къахдзæфтæй бацыди сынтæгмæ. Ацæмæзы хъæц- цулæй. æрæмбæрзта. Стæй мæ фарсмæ æрлæууыд. — Кæй фылдæр уарзыс, мæн æви дæ фырты? "— Дæу æмæ мæ фырты,— ,мæ ком ивазгæ æнæ- бары дзурын æз. Заретæ ’худы, йæ амонæн æпгуылдзæй мæм æв- зиды: — Æ, гæды рувас, дæ фырты фылдæр уарзыс! Æз мæ дзаумæттæ ласыныл фæдæн. Мæ ус иуæй- иу,хатт сывæллон фесты. Æндæр куыд ис ус æмæ фыртæн иу рæгъы æвæрæн фыды цæсты? Зæххыл ахæм адæймаг пæ уыди æмæ нæй, æз Ацæмæзы бæрц кæй уарзтон æмæ уарзын; Фæлæ ницы дзурын... Заретæ цырагъ ахуыссып кодта æмæ мæ фарсмæ æрхуыссыд. Æз мæхн иннæрдæм азылдтоп. — Цы дæ, уый зоныс? — сбустæ мыл кодта За- ретæ. — Цы дæн? — зивæггæнгæ загътон æз, хуыссæг мæ йæ быны скодта. ’ « — Дæхи цы фæнды, уыййедтæмæ дæм нымады ницы у. 3 Гуйман 33
— Дзæгъæлы афтæ зæгъыс... дз-дз-æгъæль1... т — Цы дын загътой райкомы? Æви дын æз исчй дæп? Адæмæй йæ цæмæн хъусын? , Мæн нæ фæндыди мæ бинойнаджы зæрдæхудт райсын, фæлæ мæм йемæ æхсæны хъуыддæгтыл дзу- рын нæ фæцæуы, ноджы мæ цæстытæ кæрæдзийæ ра- тонын нал куымдтой. \ — Райсом... Дардæй йын йæ ныллæг хъæлæс хъусЫн: — Автолавкæ, дам,~ бельгийаг гауызтæ æрласта. Ды дæр колхозы шжæмæй къаддæр æмæ æвзæрдæр кусыс. / — О,— загътон æз æмæ бафынæй дæн. Рапсомæй раджы Гуйманы йæ куыстмæ горæтмæ аластоп: Мæ машинæ институты агъуысты цур чысыл иаз бæлæстæм хæстæг баурæдтон. Гуйман куыд ра- цæйхызти, афтæ йыи йæ уæрагыл мæ къух æрæ- вæрдтон. — ГуГшаи,— дзурын æм,— не ’взопг бонтæ фæ|с- тæмæ раздахæм. Гуйман мæм дисгæнгæ æрбакаст, цы мыл æрцыд, зæгъгæ, стæй хъæрæй пыххудти: — Сæнттæ цæгъдгæ дæ пикуы федтон, ды кæд- дæ’риддæр.реалист уыдтæ. — Уый раст у,— йæ уæраг ын мæ армытъæиæнæн лæмæгъ æртъæпп кодтон,— гæнæн цæмæн нæй, æз уымæ никуы фæбæллын, уымæн æмæ цардæн йæхи- мидæг цы ис, уый цыфæнды бæллицæй уæлдæр æмæ . рæсугъддæр у, æрмæст æй ссарын хъæуы. Гуйман мын мæ цæстытæм комкоммæ ныккаст, ! хынджылæг кæнын æви æцæгæй дзурын, уый бамба- рыныл архайы. Æз мæ ныхас кæнын: — Не ’взонг бонтæ куыд раздахæм, зæгъыс? Алы- 34
бон кæрæдзи куы уынæм, уæд алыбон дæр уындзы- стæм нæ лæппуйы дугæй,цыдæр хай. Уьщы хай дæ- уæн æз дæн, мæнæн та — ды. Гъеуæдæ афтæ бакæ- нæм æмæ иумæ кусæм. Знон дæр дæм ’ уый тыххæй ссыдтæн. Уæдæ^дæ кафедрæйы цы хорздзинад ис? Уыцы иу бандон алы боы хъарм кæй, уый нæлгойма- гæн сæрмæ æрхæосинаг нæу. Стæй ассйстентæй кæд- мæ хафдзынæ? Диссертаци фыссын дæу нæ фæиды. Колхозы сæйраг агрономæй кусдзынæ. Гуйман дзæгъæлгаст кодта, суанг ма йæ дзых дæр бахæлиу, цыма дунейыл чи никуыма æрцыди, ахæм хабæрттæ йын радзырдтон. — Сæйраг агрономæй? Æз? — æрæджиау загъта уый æмæ йæ риу йæ амонæн æнгуылдзæй барæтъыз- та, афтæмæй ,йæ мидбынаты бандзыг. — Ды. Иæ хъæлæсыдзаг ныххудти. Стæй æваст фæсыпп. йæ сæр цæуылдæр хъыицъымгæнæгау батылдта. — Мæнæй цæй агроном ис? Йæ уæхск ын мæ армытъæпæны хъæбæрæй рог бакъуырдтон: — Цæй, дæхи та ма ныммæгуыртæ кæн! — Мæ фыны арæх фестын хъæуы,— нæ пыхасмæ чи нæ хаудта, ахæм мысинагæй срухс Гуймапы цæс- гом,— нæ хæдзары... Цыма та мæ фыдыфсымæримæ тракторыл бадæм, хуым кæнæм... — Уыныс,— фæрæвдз дæн æз,— поэты загъд дыл æрцыди: дæ зæрдæ ис хъæуы, дæхæдæг та — ам! — О,— йæ сæр батылдта Гуймап. — Æмæ уæдæ ба’ныхас кодтам? — Нæ зонын.„ Тагъд мып фатер хъуамæ радтой. — Хъæуы дæхицæн хæдзар сараздзынæ, æмæ дыи уый фатер. Ныр та уал специалистты хæдзары цæрдзынæ. Цæй, фенынмæ! 35
Гуйман сæргуыбырæй цыдп институтмæ. Бæрæг уыди, мæ ныхæстæ йæ стыр сагъæсыл кæй бафтыд- той. Дуармæ куы бахæццæ, уæд фæстæмæ фæкасти, йæ къух мæм фæтылдта. Æз’ мæ машинæ скусын код- тон æмæ араст дæн нæхимæ. * * * Гуйман бауарзта Кафетæйы. Бауарзта йæ фыц- цаг фендæй. Чи зоны, колхозы кусыныл д’æр тынг- дæр уый тыххæй сразы. Фæлæ уæд æз уый нæ зыд- тон. Раст зæгъын хъæуы, мæ зæрдæ йæм уыцы изæр цæмæйдæр’ фехсайдта — ’æгæр дзагъултæ кодта Ка- фетæйырдæм. Æгæр-иу ссыгъдысты йæ мæллæг уа- дултæ чызджы’æхсгæ фæкастæй, æгæр фæлмæн æмæ лæгъстæхуыз уыди йе сныхас. О, уыцы изæр, æппын- фæстаг, Гуйманы зæрдæмæ Кафетæйы цæстытæй фе- схънудта ахæм зынджы стъæлфæн, гуыр-гуыр арт ын чи фсстыи кодта йæ зæрдæ. Фæлæ æз уый æпхъæл нæ уыдтæи. Рох дæр ма мæ фæцн æрыгон рæсугъд официапткæ — лæг йæ фæндагыл кæуыл пæ фембæл- дзæн? Гуймаи та ныддæлæ-уæлæ кодта æмæ бауарз- та! Фæлæ уый уарзондзинад, нæ уыд’и, уый уыди сыгъдæг хъизæмар. Æмæ æппæт хъуыддæгтæ дæр цыдæрхуызы зылдысты мæ алыварс, цалх йæ ,сæмæ- ныл куыд фæзилы, афт’æ. Цавæр æнæскъуынгæ’ мид- бастдзинадæй мьтл хæцыдысты,ч уыдон мæн дæлбар уыдысты æви æз уыдон дæлбар? Нæ зонын. Фæлæ æппæты райдайæн дæр уыдтæн æз, алцыдæр цыдис мæ фæдыл. Кзедæм? Фыдбылызмæ. Хъæддаг сырдыл цуангæпæгау мæ фæдыл чп зылдл æмæ мæ рындзыл æмбæхстæй "л хъахъхъæдга, уыцы фыдбылызмæ. Фæлæ уæд ца^мæй зыдтоп, æпамонддзинад мæ нывы- конды æрдзæй фыст кæп æрцыдн, уый? 36
Сæумæцъæхæн пæ дуармæ лæууыди, йæ дæ- ларм — бæзджып гæххæтт хæтæл тыхтæй. Иæ къух ып райстоп. - — Ам та цы ми кæныс ацафоп? — Дæумæ æнхъæлмæ кæсын. — Æмæ мидæмæ’ цæуылнæ цæуыс? — Мидæмæцæуын афон пæма у. — Гъы,'æмæ цы .хабар у?*, — Хабæрттæ бирæ. Быдырмæ иумæ ацæуæм. — Гъемæ, цом. Гаражмæ бахæццæ стæм, афтæ мæ урс «Волгæ» кæртæй уынгмæ ратылди æмæ нæ цуры æрлæууыд. Шофыр, гуыбынджын Габо нæ^м рахызти, нæ къухтæ нын райста, цыма хицау æз нæ, фæлæ уый у, ахæм хуызы. Уый йын цы миниуæг у — æнæмæнг дын хъуа- мæ дæ армы йæ хидæйдзаг дзæмбы фæсадза. Исты бадтмæ куы бахауæм,,уæддæр фынджы уæлхъус кад- джын уазæгау уæллоз æрбадьь — Хуысгæ та куы баззадтæ,— бауайдзæф ын код- тон . æз,— нæ’ къухтæ нын уыцьг схъæлхуызæй кæй райста, уый маст дзы истыхуызы райсын хъуыди.— Æз дæм нæхимæ æнхъæлмæ кастæн. Машинæмæ бахызтæн, рулыл æрхæцыдтæн дыу- уæ къухæй. Габо йæ сахатмæ æркаст, йæ фындзы бын цыдæр бахъуыр-хъуыр кодта. — Дзæгъæл - бадт ма фæкæ,— рудзынгæй йæм дзурын,— гаражы хицауæн зæгъ æмæ дæ исты куыс- тыл бафтауа. Гуйман мæ фарсмæ сбадти, æм’æ араст стæм бы- дырмæ. Æз хъуыстон, уый дзырдта. Йæ дæларм кæй дардта, уыцы лæгъз гæххæтты тыхтон рахæлиу код- та, йæ уæрджытыл æй æрæвæрдта, иу къухæй йын пæ иу кæропыл хæцы, иннæйы армæй йæ лæгъзытæ кæпы. Гæххæтт иу ран æрлæууын нæ комЫ, Гуйманы 37
къухæй куы.фæуæгъд вæййы, уæд къæр-къæргæнгæ- æрбазгъоры уæрджытыл, хæтæлау йæхи æрбатымбыл’ кæны. — Уый дын циу? — мæ сæры æнкъуыстæй амо-- йын гæххæтмæ. — Картæ. Нæ колхозы зæххыты картæ. — Кæм дын уыди? — Мæхæдæг æй сарæзтон,— загъта Гуйман,' бæ-- рæг уыди, хивæнд гæххæтмæ мæсты кæй кæпы. Ин- нæрдæм æй батыхта. Ногæй йæ куы райхæлдта, уæд нал сызмæлыд, æрмааст ма йæ кæрæттæ хæрдмæ чысыл стасыдысты. Æз ыл федтон алыхуызон ахо- рæнтæй ахуырст хицæн , гæппæлтæ — æмпъузæнтау æмарæнæй лæууыдысты, дæргъмæ æмæ сыл цæх- гæрмæты цыдысты дæттæ, фæндæгтæ. Сæ’астæу — нæ хъæу — иунæг хæдзар æмæ гæдыбæласæй нысанл гонд, ранæй-рæтты та^ нывгонд уыдысты фермæтæ* æмæ -æндæр агъуыстытæ. Картæйы хуссарварс кæ- рæй-кæронмæ— бæлæстæ. Сау хъæд. — Мæнæн дæр ма ахæм картæ скæн, æрмæст стырдæр форматæй. — Хорз,— йæ сæр батылдта Гуйман. Иæ амонæн* æнгуылдзы алгъæй æрзылд кæрдæгхуыз тарцъæх гæппæлы арæнтыл.— Фæтæнтæ. Дæ зæрдæ сæм ни- цæмæй æхсайы? - Фæрсмæйæм фæкастæн, йæ фарст ын нæ бам- бæрстон. Гуйман йæ кæсæпцæстытæ систа, картæйыл сæ æрæвæрдта. - • ’ — Фопдз азы размæ, Фæтæитæм дои уагъд куы ’рцыди, уæддæр дзы нырау нартхор конд уыдис. Гек- тарæй — фондз - æмæ дыууиссæдз центнеры. Афтæ? ’, — Афтæ,— мæ сæр батылдтон. Гуйман йæ кæсæнцæстытæ бакодта æмæ картæмæ ныггуыбыр, 38
— Уæдæ нын ацы фæззæг нæ зæрдæ ницæмæй барухс кæидзысты иæ Фæтæнтæ,— арф ныуулæфыд сæйраг агроном. — Цæуылпæ? Ныр дæр æм дон сыххуыттæй куы уайы! — Иæ бæллæх дæр уым и. Чысыл къулаив у бы- , дыр, æмæ йын йæ сау мæр дон адагмæ ласы. Æз ницы сдзырдтон. Мæнмæ афтæ фæкасти, цы- ма’ уыцы хъуыддаг рагæй зонын. Æмæ уый æцæгæй- дæр афтæ у. Фондз азы размæ мæнмæдæр фæзынд уыцы гуырысхо: ададжырдæм къулаив зæххытæн донхорыг сæ фарсы тæнæгæй нæ фæуыдзæн? Фæлæ гуырысхо баззад зæрдæйы æнæбилцъ æвзарау — хъуыддаджы уидаг дзы нæ равзæрыд. Никæмæн загътон мæ хъуыды. Чи мæм байхъуыстаид? Дон- хорыджы пайда æнæхъæн республикæйы дæр уыйас стыр’ у, æмæ йæ аууон фæкодта, иуæй-иуч зæххытæи зиан дæркæй хæссы, уыцы хъуыддаг. Æмæ барджын адæм æрмæст пайдайы кой куы кодтой, уæд æз чысыл зианы кой дæр куы скодтаин, уæд мæ æрра пе схуыдтаиккой? О, мæхи цæсты бафтыдтанп, æн- дæр дзы ницы рамбылдтаин. Æмæ хъусæй лæууыд- тæн. Ныр куыд хъусæй лæууып, афтæ. — О,— æргом хъыицъым кодта Руймаи,— иæ хуыздæр зæххы биологоп æууæлтæ кайд цæуынц. Быдыроп рыг фæндаг иу ран фæсаджил. Маши- пæ Фæтæптырдæм фæзылдтон. — Æмæ дæм цы уыпаффæ ис,— бафарстон Гуй- маны. - — Хуымьт астæуæй, стæй йæ кæронæй, дон кæ- дæм иæ кæлы, уырдыгæй систон сыджыт æмбæрæй,— цыма мын мæ ныхас нæ фехъуыста, уыйау йæхицæн дзурæгау дзуры сæйраг агроном,— пробиркæты сæ артмæ бадардтон. Хуымы астæуæй ист сыджыты 39
æлыг æмæ змис фылдæр разынд. Сæфы нæ хуыздæр зæхх. — Дæ фæндон. — Дон æм нал хъæуы уадзып. Фæтæнты ’ хуымгæрон мæ машинæ баурæдтон. Нартхоры æвзартæ къæбила æфтауыныл уыды’сты. Рæнхъыты æхсæнты сæр-сæргæнгæ згъордтой чысыл къанæуттæ. Æвзарты зæнг уыди ставд, хæрдмæ дæр, куыд æмбæлй, уыйбæрц ссыдй. Амæй размæ ам зæр- дæхсаипагæй пикуы ницы бафпппайдтон. Фæлæ’мæм ныр, Гуйманы пыхæсты фæстæ, сæ сыфтæ фæлурсго- мау фæкастысты, доны зайæгойты хуызæн. Гуйман иу æвзар стыдта, йæ уидæгтæм ,ын æркаст. Стæй йæ армытъæпæныл æрцавта — бындзæфхад цы лыстæг къуыбæрттимæ. схаудта, уыдон æркалдысты æмæ лыстæг билцъ уидæгтæ урс æндæхтау сыгъдæгæй аз- задысты, цыма сæ доны ахсадæуыд. Гуйман йæ сæр батылдта, мæ размæ æрбацыд. * — Мæнæ адон, — къухæй ацамыдта донцæуæн æфсæнбетои тæгæпатæм,— адон сисын хъæуы. — Дзурын æнцон у,— загътон æз æмæ йын йæ къухæй нартхоры æвзар райстоп,— зæхх хуры тъæп- мæ фæрчытæ куы хауы, къæвда фæстаг хатт кæд уы- ди, уый куы иичиуал хъуыды кæны. Æмæ нæ æрра- тæ схоной? — Мах цыфæнды схонæнт, фæлæ зæхх фервæзын кæнын хъæуы. Хуры тъæпм’æ дæр саумæр саумæрæй баззайдзæн. К/ьæвдаджын аз дæтдзæи фылдæр, хус рæстæг — къаддæр. Фæлæ йып дон йæ хъару, йæ апп куы фæласа, уæд хуым кæнынмæ нал сбæздзæн къордазы фæстæ. Зæххæн дæр уд ис, уый, дæр мæ- лыи зоны. Адон та...— Гуйман та йæ сæрæ:й ацамыд- та донуадзæп тæгæнатæм,— адон та уыгæрдæитæм саразæм. 40
— Уыгæрдæнтæм? — бадис кодтон æз. — Уыгæрдæнтæм, уæдæ?—щыма мыл бустæ кæ- ны, уыйау сдзырдта Гуйман,— дæхæдæг мæнæй хуыз- дæр зоныс таугæ йæрдæджы миниуæг: донæй æфсæст куы уа, уæд фондз хаттьь фылдæр ’ ахады йæ бæркад. Банымай-ма, цас зæхх с’уæгъд уыдзæн хорæн! Хор та у кæрдзыи, фос, æхца — алцыдæр. Хур дзæвгар суади арвыл: Æнкъардтон, мæ дыу- уæ уæны астæу хиды ставд æртах бынмæ куыд фæ- тулы. Мæ къухмæрзæнæй асæрфтон мæ бæрзæй — рыгæмхæццæ хидæй йыл сау тæлм аззад. — Ралас дæ пинджак,— дзуры- мæм Гуйман,— сфыцдзынæ ацы тæвды. Ме ’мбалæн йæхиуыл уыди цыбыр чырынтæ хæдои æмæ зæронд чъизи джинс хæлаф. Цалдæр хатты й’ын зæгъипаг уыдтæп: адæмы æхсæнм(æ афтæ- мæй ма цу — бынаты кусыс. Фæлæ йæм цæмæндæр гæсгæмæ цæсгом иæ хъæцыди. Йæ зæрдæ мыл куы фæхуда, уымæй дæр æдас пæ уыдтæн. Мæ пинджак иæ раластон. Машинæйы сбадты- стæм. — Хъо’мвосы фермæмæ бакæсæм,— загътон æз æмæ мотор скусын кодтои. Цыдыстæм æпæдзурпæйæ. Гуйман’йæ картæ хæтæлтыхтæй йæ дæларм дардта æмæ, хъуыдыты аныгъуылд. Æз дæр хъуыды кодтон. Раст у, раст у Гуйман. Фæлæ йын йæ фæндтæ царды куыд рауадзон? Чи м.æ бамбардзæн? Чи фæлæудзæн мæ фарс? Цал хицауымын ис, æмæ алчидæр йæхионтæ кæны. Кæй коммæ дзы нæ бакæсай, уый дæ фыддæрапæн дæ ба- хъуаджы сахат алхъивдзæн. Гъай-гъай, "Зæнгионы фырт мæ рæстдзинад куыддæр бамбара, афтæ мæ сæрыл сдзурдзæн. Фæлæ алыхатт алы хъуыддаджы 41
тыххæй райкоммæ куы дугъ кæнон, уæд мыл цы ном сбаддзæн? — Зæххæн хицау хъæуы,— йæхицæн дзурæгау та бакодта Гуйман, фæлæ йын æз йæ ныхæстæ мæхимæ уайдзæфау райстон. Æрмæст дзургæ ницы окодтон, кæд мын хъыг уыдысты уæддæр.— Хуымтæм, Фæтæ- ны хуымтæм уæлдайдæр, фылдæр фаджыс ласын хъæуы,— сагъæсхуызæй йæ ныхас дарддæр кодта уый.— Органпкæ. Уымæн баивæн ницæмæй ис. Мах та нæ фылдæр хуымтæ æрмæст минералрн хъацæн- тæй хæссæм. Фад>кыс нæм фаг бæргæ уаид, торф æмæ хъæмпы лыстæг карстимæ æмхæццæгонд куы цæуид, уæд.-*. — Кæцæй дын æрхæссон торф? — мæхи йæм нал баурæдтон.— Хъал ныхæстæ-иу ма райдайут. — Торф,— Гуйман фæкъуыхцы,—торфы гуырæнтæ пс иæ рсспубликæйы. Дæу ницæмæй аххосджып кæ- нын. — Гъемæ бавдæл æмæ хъуыддаг дæхимæ райс. Транспортæй дæ тыхсын нæ бауадздзынæн. — Хорз. Фермæйы кæрты кърант раздыхтон, мæ цæсго- мыл доны хуыпп .скалон, зæгъгæ. Фæлæ дзы æртах дæр ыæ рахъардта. Хъомдоны дуармæ ныл хæрхæм- бæлд фæци зæронд хъæмгæс Габре — 1йæ къухы са- гой. Кæрæдзийæн «бонхорз» куы загътам, уæд æй бафарстон: 1 — Уæ хицау кæм ис? — Ныртæккæ дæр ма ам уыди,"— зæропд лæг са- гой йæ сытæй зæххы æрсагъта.— Фæдзуроп æм? — .Марадз. Габре ’ стыр къахдзæфтæй цæрæнхæдзарырдæм араст, сагой та йæ бæсты нæ цуры сагъдæй баззад. Гуйманимæ хъомдонмæ бацыдыстæм. Дуцгæ хъуццьь 42
’гæ йæ ’кæвДæсты уæлхъус цæджындзтыл бастæй хæ- рынц сæ холлаг. Агъуысты дард кæрон цыдæртæ ар- хайынц цалдæр хъугдуцæг сылгоймаджы урс халæт- ты. Фос мæм ацы хатт мæллæг фæкастысты. Кæмæй- дæрты æрыхъуыстон: фермæйьь хицау Агуыбе æнтой кæны йæ хæдзармæ æхсæны муда. Æмæ ныр дæр- гъæй-дæргъмæ кæвдæсты æхсæнты цæугæйæ, хъуады- тæм кæспæйæ мæ цæстытыл цæмæндæр гæсгæ ауади Дзибисы агуыридурæй амад стыр хæдзар, йæ цъæх- ахуырст æфсæйнаг кулдуар. Агуыбе давы, фæлæ иу- нæгæй нæ. — Æгас цæут, зынаргъ уазджытæ,— мæ фæскъæ- бут райхъуысти Агуыбейы- цинæйдзаг хъæлæс. Гуй- ман æм фæзылд, йæ къух ын райста. Æз æм фæстæ- мæ дæр нæ ракастæн, мæ цыды кой кæныи. Хъомдо- иы астæу æрлæууыдтæп. Хæрдмæ скастæн. Шиферæй æмбæрзт -пыллæг цары хуынчъытæй хуры тынтæ про- жсктортау фæрсмæ æрцыдысты алы рæттæм, зыр- зыр кодтой фосы тæнтыл, кæвдæсты, рухс кодтой та- лынг къуымтæ. — Агуыбе,— загътон æз, мæ маст тыххæй урæд- топ, афтæмæй,—къранты дон цæуылпæ ис? — Хæтæл кæмдæр ратыдта, Æрфæн Афаевич. «Афаевич» мын мæ тъæнгтæ ацагъта, фæлæ та мæхиуыл ныххæцыдтæн. — Æмæ, зæгъæм, дæ хæдзары ахæм хабар æрцы- . дис, уæд афтæ æнцад-æнцойæ бадис? — Мæ бон ын цы у, Æрфæн Афаевич? — Мæнæ цары хуынчъытæ та? ’ — Дзибисæн цалдæр хатты загътон, арæзтадон бригад мæм æрбарвит, æмæ ницы.... Лæг иунæгæй аххæсдзæн? Æз æм сабыргай ме ’ргам разылдтон, комкоммæ йып ныккастæн йæ цæстытæм. Уый дæр мæм кæсы, 43
йæ цæст дæр нс ’рньикъуылдта. Цьша зæдау æнах- Хос у, æмæ йын уайдзæфтæ кæй чыпдæуы, ууыл дпс кæны. Иæ цæсты гагуытæ уыдысты цъæх æхсынцъьь йы. 'Хуызæн, æмæ ма мæ комыкъултæ дæр цыдæр туаг ад скодтой. Мæхинымæр ын йæ ныййарæджы æрæмысыдтæн, зæгъгæ та кодтон: — Арæзтадоп бригад, зæгъыс? . — 0,— йæ сæр батылдта фермæйы хицау æмæ козбау мпдбылхудтæй йæ цæсгом фæ’рухс. — Иу • бригад ам ницы бакæндзæн. Арæзтадон трестмæ фæдзурын хъуыдн. « Агуыбе йæ уæрæхчъил къепкæ йæ сæрæй фелвæс- та æмæ къухмæрзæнæй асæрфта, хъæбæр аууондары фæд нарæг сырх тæлмæи кæуыл азза’д, йæ уыцы æр- тæкъуымон ных: 1 ’ ’ — Дæ дзых арвмæ хæлиуæй дар, кæд дзы исты æрхауид. Уæлæ,— мæ % сæрæй ацамыдтон ’ цармæ,— уыцы хуынчъытæ баигæмттæ кæнынмæ дæ цæй бри- гад хъæуы? Асин къулæнцой авæр, схнз сæм. Шифер дæм ис, адæм дæм ис, чи иал бæзоы, ,уый аив. Са- хатырдæджы, куыст! Дæ хæдзары цар дыл куы тæ- дзид, уæддæр ахæм æфсæнттæ агурис? Кæд сахуыр уыдзыстут колхозмæ хи хæдзары, цæстæй кæсын? , Агуыбс’ та мæм ныккомкоммæ пæ туаг цæсты- тæй. V, — Цом,— загътон Гуйманæн, мæхæдæг рараст дæн дуарырдæм. 1 , , — Фермæтæ цалцæг кæнын мæнмæ нæ "кæсы! — мæ фæдыл радзырдта Агуыбе. Æз æрлæууыдтæн, æнæдзургæйæ \ йæм ,бирæ фæкастæп. Стæй загътон: .— Курдиат ныффысс. Агуыбейæн йæ дзых куыддæр фæхæлиу, ■ фæлæ |Дзы иу мыр не схаудта: 44
— Дæ куыстæы ист дæ,—, йе ’гомыг фарстæн ын дзйапп радтон æмæ хъомдонæй рацыдтæн. )Мæ маши-нæ скъæрдтон Æрæфы .былгæрæтты хъæдьт астæу хуырджын фæндагыл. Изгардæй тых- сæгау мæхимидæг тыхстæн, Агуыбеимæ не ’хсæн цы дæрзæг ныхас рауади, уымæй. Мæ зæрдæйæ нæ цух кодта дыууæ цъæх æхсынцъыйы фыдæх æрттывд. — Цы ныхъхъус дæ?— мæ рæмбыныкъæдзæй бас- хуыстон Гуйманы фарс.— Дæ къамбецтæ дын атар- дæуыд? — Иæ куыстæй йæ, æцæгæй исыс? — бафарста уый. > ■ — Æ)мæ ууыл дызæрдыг кæныс? Дзырд топпы пæмыгау тæссаг у, дзæгъæлы йæ æхсын ыæ хъæуьт. — Уьтй раст у, фæлæ... — Фæлæ цы? — Алцæмæп дæр фæтк ис. Лæджы йæ куыстæй цæмæй сисай, уый тыххæй бындур хъæуы. — Дæхæдæг нæ федтай, фермæйы агъуьтстæй, фо- сæй цы уавæры’ сты, уый? Махæн та æхсыр у нæ хæ- дзарады специализацийы бьтндур. — Хъаст кæндзæнис... 1 — Хъаст кæнæд. Нæ кусы, давы. — Давгæ-давын æй не ’рцахстай. , — Иæ сæрьтл дзурыс? — Æз? Жуличьт сæрыл? • —,Уæдæ ма уæд цьт? —’ Ницы. Æрмæст æгæр фæтагъд кодтай. Дæ цæст уал æм дардтаис, æмæ иу бон йæхæдæг къæп- пæджы бахаудтаид. Уырытæн сæ хъысмæт иу у. Ныр та йын дæхæдæг фадат сарæзтаы дæ пыхмæ тох кæ- нынмæ. Æз бахудтæн: — Бавзарæд. 45
Нæ машинæ ресторан «Ацæмæз»-ы кæрты ба- урæдтон. Гуйман ’ мæм тарст цæстытæй æрбакарт, фæлæ дзургæ ницы окодта. Йæ хъуыды йын бам- бæрстон— мæ зæрды кæд; бонрæфты бануазын ис, уымæй фæтарсти. Мæ фæ’дыл рахызти машинæйæ, йæ дуар ын гомæй фæуагъта æмæ мæ фарсмæ фæ- расти. Фæлæ йын æз дуармæ ацамыдтон, æмæ ком- мæгæс сы’вæллонау фæстæмæ фездæхт. Стъолы уæлхъус æрбадтыстæм. Нæ дыууæ дæр æнхъæлмæ кастыстæм Кафетæмæ. Фæлæ мæн« Кафе- тæ иунæгæй нæ хъуыди, хъуыдис мæ æрмæст Гуйма- нимæ. Ныртæккæ дæр ам уый тыххæй дæн, цæмæй кæрæдзи феной. Гуйман судзинтыл бадæгау тыхсы йæхимидæг. Цы кæна, уый нæ зоны, æмæ йын мæ бон дæр баххуыс кæнын ницæмæй у. Нæ размæ чи- дæр кæй æрбацæуы, уый хаты, фæлæ йæ сæр "сисын нæ уæнды, Уый æз тынг хорз æмбарын. Фæлæ нæм тасгæ-уасгæ чи ’рбасиры, уый куы фенид! Кафетæ-^ йы цыбыркъах, ставдчъылдым мад! Нæ уæлхъус æр- ’лæууыд, хуртæ æмæ мæйтæ кæсынц йæ нарст цæсго- мæй. «Æ, зæххы скъуыды ныххауай, кæд дæ къæ- дзил тилгæ цы фæзындтæ, мах дæумæ куы нæ æн- хъæлмæ кастыстæм!» — хъуыды кæнын, мæхæдæг æм мидбылты худын. — Æгас нæм цæуат, лæппутæ! Кæдæй-уæдæй ма! Гуйман æм фæкасти. Загътон, йæ сайд ыл ныр- тæквæ æртæфсдзæн, нырхæндæг уыдзæн. Мæ худæг тыххæй баурæдтон. Фæлæ лæджы ^зæрдæйæн базо- нæн нæй! — ме ’мбалæн æхсызгон уыди, нæ уæлхъус1 Кафетæ нæ, фæлæ æндæр чидæр кæй æрбалæууыд, уый. Иæ цæстытæ æнахуыр цинæрттывд фæкодтой, Разитæйы куы ауыдта, уæд. Æмæ æз бамбæрстон: Кафетæйы уарзгæ цас кæны, тæрсгæ дзы уымæй тынгдæр кæны. 46
^— Дыууæ уазал бæгæныйы,— загътон æз, æмæ Ркзитæ куыд æрбас^рдта, афтæ сиргæ фæаууон цæл- гæнæны. \ * Мæ зæрды рестораны рæфтад скæнын бæргæ уы- ди, фæлæ Кафетæ ам куы пæ разынд, уæд мæ фæнд аивтон. Разитæ нын бæгæныйы дыууæ авджы æр- хаста, нæ цуры^ сæ стъолыл æрæвæрдта, гом сæ кæны. — Дæхæдæг та райдыдтай? — фæрсын æй. — Уæдæ цы бакæнон, хуыздæр куыст дæр мын кæм ис,— йæ мидбылты худы Разитæ. — Æмæ Кафетæ... Разитæ мæ дзурын не суагъта: — Дæ-дæй, ныры фæсивæд! Иæ сæрмæ дын хæс- сы офидианткæйæ кусын? Расыг иæлгоймæгтимæ, дам, мæн ницы хъуыддаг ис. — Раст зæгъы,— разæнгардæй сдзырдта Гуйман. — Æмæ уæдæ ныртæкæ цы ми кæны? Разитæ фенкъард. * — Цы ми кæны, бады пæ хæдзары. Уæ хорзæхæй, исты куыст-ма йын ссарут. Æз сабыргай уадзын бæгæпы агуывзæмæ. Мæ армæй хатын — авг уазал нæу. , — Уазалгæнæн уæм нæй? Разитæ батыхст: — Р1ед... нæ кусы. Базмæлыд йæ мидбыпат, йæ уæз иу къахы æв- джид бакодта. Æз зоныи, кæд æмæ цы фарста дæт- тып хъæуы, уый. Фæлæ мæм цыбæлæй касти Гуймап æмæ хъуыддаг уый алыг кодта... — Дæ чызг,— загътон æз æмæ хъарм бæгæныйæ схуыгш кодтон. Стæй агуывзæ æрæвæрдтон стъолыл, иуварс æй фесхуыстон мæхицæй,— æхсæнтæ дон. Нæ, 47
æгъдау æмæ нæм фæтк тагъд н^ема уыдзæн.— Сы- вæллæтты цæхæрадоны нæм бын^ат ис. , | Æз сыстадтæн. ■ , Разитæ нæ .фæдыл къæсæрмæ рацыд, хатыртæ нæ куырдта, уазалгæнæн кæй н!æ кусы, уый тыххæй, лæгъстæгæнæгау нæм хатыдта, дæмæй-иу сæм арæх- дæр æрбауайæм. — Цом нæхимæ, Заретæ нæ истæмæйты хорз фен- дзæн,— загътон æз, машинæйы куы сбадтыстæм, уæд. Фæндагыл’мæ хъуыдытæ мæхицæн дзурæгау дзырд- тон Гуйманæи. — Бабыз, дам, йæхицæй æппæлыд: æз алцыдæр зонын: зæххыл • къахæй цæуын, ’доны ленк кæныи, уæдæ мæ базыртæ дæр стилын. Фæлæ йыл цæрæ- гойтæ фæхудтысты: бнрæ цыдæртæ куыд уа-цы уа- йæ кæнцны бæсты иу хъуыддаг хуызæнæн ■ куы кæ- нис! Нæхи колхозы хабар дæр мæм афтæ кæсы. Нæ уд æгæр бирæ цæуылдæрты хъарæм. Ам цъыкк-уым цъыккæп рæгъмæ ницы рахæсдзыстæм. Не ’ппæт хъарутæ дæр’ куыройы нукау пу хъуыддагмæ сара- вын хъæуы. Куыд тагъддæр уа, афтæ хуыздæр. Рæстæг иу-ран нæ лæууы, æййафып æй хъæуы. Хæ- лиудзыхæй йæ’фæдыл чи аззайа, уый та иуварс ап- пары... Фысвос дарæм, фæлæ йæ пайдайæ йæ зиан фылдæр. Кæрчыты хъуыддаг дæр афтæ. Гуйман мæм лæм’бынæг хъуыста, йæ сæр разыйы тылд кодта. 1 . - — Раст у,— загъта уый,— æрмæст дæныфсджын- дæрæй бавналын хъæуы. — Уый иунæг мæнæй аразгæ нæу. . — Иунæг нæ уыдзынæ. — Къуырисæры нæм правленийы æмбырд уы- дзæн. Колхозы æппæт активпсттæ дæр хуынд сты, 4§
4(1 зоны æмæ Зæнпюны фырт дæр фæзына. Ды р’а- д^урдзынæ, Гуйман. ’ ’ , ’ " " , " — Цы радзурдзынæн? — Æрдæбон мæнæн цы дзырдтай, уый. — Нæ,— батыхст Гуйман,— дæхæдæг... Æз дыи цы загътон, уый дæхæдæг мæнæй хуыздæр зоныс: Нырма пог кусæг дæн, зæгъдзысты, гæппытæ кæны, Нæ кулдуармæ лæууыди сырх «Жигули». Мæ ма- ,шинæ йын йæ фарсмæ æрурæдтон. Рахызтыстæм. — Уазджытæ,— Гуйман йæ сæрæй «Жигули»-мæ ацамыдта.—,Цæй, мæн ма быдыры хъуыддæгтæ ис. Æз ’ын йæ цонгыл æнæдзургæйæ æрхæцыдтæн, кæрты йæ фæмидæг кодтон: 1 ’ — Уазджытæй цæмæй тæрсыс, æви дæ хæргæ кæ- нынц. Ацæмæз нæ цурмæ ратъæбæртт кодта, йæхи мыл æрбаппæрста. Æз^ æй мæ хъæбысы фелвæстон, цал- дæр хатты йæ хæрдмæ сæшисрстон, ’стæй йæ зæхмæ æруагътон., — Уазæгæн йæ къух цæуылнæ исыс? — фæрсып æй. Гуйман æм дзуццæджы æрбадти: — Анæмæз’,— дзуры йæм,— ме ’рдхорд нал дæ? Æрбатæх-ма мæм! Ацæмæз йæ къух дард фæхаста æмæ Пуйманы армытъæпæнæн — къæрцц. —, Уауу! — фæхъæр кодта Гуйман, йæ къух цыма тынг фæрысти, афтæ йæ тилы. Ацæмæзмæ уый хорз фæкасти, йæхицæй ныббузныг. Гуйман æй йæ хъæ-, бысы æрбакодта, йæ цыргъ роцъо йын йæ русыл ха- фы. «Сывæллæтты ’бирæ уарзы»,— ахъуыды кодтон æз, æмæ Кафетæ мæ цæстытыл ауад. «Биионтæ... хæ- дзар...» — Луйманы фыдхуыз уæхсчытæм кæсгæцæ ацы скъуыддзаг хъуыдытæ зыпджы стъæлфæитау ^ ГуГфац 49
кæмдæр мæ сæры ферттьгвтой, æмæ йын цæмæндайр гæсгæ фæтæригъæд кодтон. Мæ бон цы уа, уымæй йын ницы бавгъау кæнин, цæмæй йæ амонд ссара. — Папæ, цом,— загъта Ацæмæз æмæ мын мæ къухыл рахæцыд,— цом тагъддæр, ныртæккæ кæй- дæр фендзынæ. — Æмæ дядя Гуйманы мидæмæ иæ хоныс? — уайдзæфгæнæгау æм дзурын. æз. — Дядя Гуйман, цом ды дæр,— Ацæмæз æм йе ’ннæ къух байвæзта,— тетя Зæлинæ æмæ иу дядя махмæ сты. ’ ( «Тетя Зæлинæ» æмæ «иу дядя» — ацæргæ урссæр нæлгоймаг4—бадтысты фынгыл. Сæ цуры —карчы фыд æмæ чъиритæ. Мах куы бацыдыстæм, ’уæд дыу- уæйæ дæр сыстадысты, нæлгоймаг йæ къухтæ сал- феткæйæ сæрфыныл фæци. — Кæй кой кæнай — къæсæрмæ,— загъта Зæли: нæ æмæ мæм йæ тымбылкъух æрбадаргъ кодта,— мæ къухтæ сойæдзаг сты. Æз ын йæ цонгыл æрхæцыдтæн, стæй мæ къух бадаргъ кодтон урссæр уазæгмæ. — Базонгæ ут,— загъта Зæлинæ,— хæдзары хи- цау Æрфæн, уый та Махары æрдхорд Беслæн. Ин- ституты иу кафедрæйы кусьшц. — Æхсызгон мын у,— бахудтæн мæ мидбылты æмæ фæстæмæ ,ракастæн Гуйманмæ. Уый æфсæрм- хуызæй ног чындзау лæууыди дуаргæроп. Æз æм фæдзуринаг уыдтæн, хæстæгдæр рацу фынгмæ; зæгъ- гæ, фæлæ мын уый мæ фæнд бамбæрста æмæ йæ сæр «нæ», зæгъгæ, батылдта. — Бадгæ, уæ хорзæхæй,— загътон æз,— уæ фынг ма халут. Мах мæнæ Гуйманимæ нæ къухтæ ахсæм. 1 Хихсæнмæ куы фæцæйщыдыстæм, уæд мæм За- ретæ цæлгæнæнæй фæдзырдта; 50
»— Хорз уыдй, кæй фæзындтæ,—мæ цæстытæм мын комкоммæ каст, афтæмæй къæмдзæстыг худæн- дзастæй загъта не ’фсин, мидæмæ куы бахызтæн, уæд,— де ’мсиахс Махар ВАК-æй гæххæтт райста, йæ диссертаци йын тынг хорзыл банымадтой. Хо- нæг нæм æрбацыдысты. Йæхицæн рæстæг нæ фæци æмæ йе ’мбалы Зæлинæимæ рарвыста. Райсом куывд кæнынц. Мæнæ сын адон рафыстон... Хъæбæр гæххæттæй æртæ стыр къоппы сæ тæккæ дзаг уыдысты æргæвст æмæ сыгъдæггонд кæрчытæй. Мæ маст рафыхт, мæ зонд адзæгъæл. — Кæцæй сæ рафыстай? Дæ фыды хæдзарæй? — С-с! — йæ дзыхыл йæ армытъæпæн авæрдта Заретæ, цыма йæхи ныхасæй фæтарст,— с-с! Хъæ- рæй ма дзур, хъусынц дæ! Бафиддзыстæм сæ. Дзи- бисæн бакой кодтон, адæмæн, зæгъын, цы аргъыл уæй кæшут, ууыл махæп дæр... Уым диссагæй цы нс? Иупæг хо мыи ис... Æз цæхгæр фæзылдтæн, цæлгæнæнæй рацыдтæн. Хихсæны цур нæ разынд Гуйман, кæрты дæр æй’ не ссардтон. Адымдта. Цæмæп? Кæд йæ зæрдæ истæмæ фехсайдта? Æз уазджытæм баздæхтæн. Уыдон та сæ комдзæгтæ æууилгæ фæгæппытæ кодтой. . — Бадут, бадут, цал’хатты мын стут! — мæ къух- тæ сыл стылдтон мæстыйæ.— Мæнæн бахатыр кæнут, рай’комæй мæм дзурынц. Сымах бадут, уæ куыст кæ- нут. Зæлинæ, Махарæн *мæ номæй арфæ ракæн. — Гъей! — йæ амонæн ^æнгуылдзæй мæм бартхъи- рæн кодта сылгоймаг.— Райсом раджы нæ хæдзары æмбырд бинонтæй куыд уат! — Амал куыд уа, афтæ. — Иунæг амал дæр нæ,— сбустæ мыл кодта Зæ- линæ,— адæмы ’хрæн мæ худинаг кæныс? — Хорз,— загътон æз æмæ рацыдтæн. Ацæмæз 51
кулдуармæ мæ фæдыл. разгъордта, æз дæр демæ цæ-1 уып, зæгъгæ, фæлæ йыл æз фæхъæр кодтон. — Тагъд дæ мадмæ!.. — Æвзæр нанкæ-манкæ! — загъта Ацæмæз æмæ нырдиаг кодта. Мæ фырты кæуынмæ мæ зæрдæ куыддæр æрба- уынгæг. Фæтæригъæд ын кодтон. Фæлæ æгæр къул- бадæг кæй у, уын дæр зыдтоп. Гуйманы гаражы цур’ баййæфтон. — Цæмæн ралыгъдтæ? — Ницы ралыгъдтæн,— йæ къух ауыгъта,— уаз- джытæ махæй æфсæрмы кодтаиккой, мах — уыдо- нæй, афтæмæй нæ бадт ныддаргъ уыдаид. — Дæ машинæ ратæр, æмæ , хохмæ уæтæрмæ ба- уайæм,— загътон æз. — Хохмæ?— бадис кодта Гуйман.— Ныртæккæ? —Ныртæккæ. Мæхи «Волгæ» гаражы сæвæрдтоп æмæ Гуймапы за?роид «газикыл», æз раздæр кæуыл бадтæп, ууыл хохмæ, ацыдыстæм. Туйман хæххон фæндагыл маши- нæ никуы скъæрдта, æмæ мæхæдæг бадтæн рулы уæлхъус. Æхсинты ком — æрдзы диесæгтæй иу. Ам милуан азты дæргъы æнæбанцайгæ тох цæуы æгомыгдзинад æмæ^ змæлды æхсæн... Æгомыгдзинад конд у айнæг дурæй, змæлды ном хуины Æрæф. Цъити æмæ хуры 1 хъал чызг—номдзыд хохаг дон йæхицæн айгæрста фæндаг «ъæдзæхты астæу, егъау галуаны къултау йæ былгæрæттæ сты æмраст æмæ ’бæрзонд. Бынмæ ,ныккæс — дæ сæр разилдзæн, афтæ арф’’у ком. Уым, дæле, нарæг айнæг къултыл йæхи хойы Æрæф, йæ .уылæнтæ фехсы, йæ фæндагыл чи ныццæхгæрмæ, уы- ’цы егъау дурты сæрты... «Уастырджийы дурмæ» бахæццæ стæм. Йæ алы- 52
варс — афтид æвгты цæндтæ. Йæ цуры лæууыди дыууæ машипæйы — сæ иу уыди уæзласæп, йæ ных быдырырдæм, шшæ «газик» — уый та, æвæццæгæн, комы арфдæр бацæуинаг уыднс. Агуывзæтæ сæ къу- хы, афтæмæй былгæрон стыр дуры цур лæууыдысты бæлццæттæ— фондз нæлгоймаджы. Сæ къухтæ нæм тылдтой, æрлæуут, зæгъгæ. Мæ сæрæй сын салам радтон, æмæ сæ.рæзты байвгъуыдтам.’Разыйæ нæ нæ баззадысты — сæ цæсгæмттыл сын бакæсæн уыди æдзæм уайдзæф. - . Ацы дуры цур фыдæлтæй нырмæ бæлццонæн æнæ- рлæугæ.нæй, дохмæ мидæмæ цæуа æви быдырмæ ра- балц кæна — йæ фæндаггаг æм рахæссы, барæг ыл сæмбæла æви фистæг—бауромы уый дæр, æмæ Уастырджимæ бакувынц, фæйнæ баназынц. Газетты цалдæр ’хатты фыстой ацы дуры тыххæй — стыр зиан хæссы адæмæн, зæгъгæ. Æрæджы йын йæ быны ди- намит фехæлдтой. Дурæй стыр фæзгъæртæ рахауд, арф фæсхъытæ фæци, фæлæ йæ ^бынаты лæугæ баз- задис. * ’ — Цæуылнæ баурæдтай? — бафарста мæ Гуйман, кувæн дурæй куы адард стæм, уæд. — Цæмæй нæ дингæнджытæ схоной, уый дæ фæн- ды? — дзуапп ын радтон,— райсом райкомы балæу- уыдаиккам. — Ау, Уастырджийы дуры цур чидæриддæр æр- лæууа, уый дингæнæг у? Уазал суадонæй банызтаик- кам, æндæр нæ цы хъуыди. — Дзирасгæйы суарæй баназдзыстæм. Дзынагъайы сæрмæ Хъæрæугоммæ фæхæрдгæнæ- нæй дарддæр машинæйæи цæуæн нæй. Хæрзуырдыг хъæдæхгæд фахсыл ’къæдз-мæдз къахвæндагыл схыз- тыстæм уæтæрмæ. Цъититæй радымдта изæрон уа- зал ирдгæ, мæ уæнгты иннæрдæм ахызти. Æнтъыс- 53
Н&г æйтæф æмæ машинæйы хъæрæй куыддæр ныу« уæззау дæн, фæлæ ныртæккæ фæуæнгрог дæн, цыма мæ хид буар уазал донæй æрæхсадтон, уыйау. Хæх- хон сыгъдæг уæлдæф мыи йæ узæлдæй мæ зæрдæйы рыст систа. Гуйман дæр йæ риуыдзаг улæфЫд, хæр- ды цæугæ-цæуын’ фæлгæсыд зЫд цæстæй фæйнæ- рдæм. Хуымæтæджы нæ акæнынц, базыртæ йыл ба* зад, зæгъгæ. Ард хæрын, кæд ме ’мбал йæхиуыл цæнгты бæсты базыртæ не ’нхъæлы! Ацы хъуыдымæ мæхинымæр бахудтæн. Ме ’мбал мæ разæй фæци, æр- лæууыд, бынмæ мæм кæсы. — Æрфæн, уæллæй, дæумæ дæр иуæй-иу-хатт лæ- ;джы митæ вæййы. — Цæмæй зæгъыс? — НьцГмæ ардæм .куы нæ рахуыдтаис, уæд мыл бои æнкъардæй æрныгуылдаид. — Хистæрмæ хъус æмæ дын — ус, чрæлæ цæуыл .æн’къард кæпыс, уый дæр-ма мыи зæгъ. — Æнкъард кæм кæнон, уым дын æй зæгъдзы- нæн. Уæлфахсы тъæпæнмæ куы схызтыстæм, уæд ныл фиййау- куитæ рæйгæ сæхи рауагътой. Сæ фæдыл хъæргæнгæ разгъордтой уæтæргæстæ. — Гъей, гъей! Фæстæмæ! Фæранк, фæстæмæ! Æз кæмæ дзурын, Мæгуыргур?! Чысыл ма бахъæуа, æмæ фыдбылызы бахауæм. Гуйман фæтарсти, фæстæмæ фæцæйлыгъди. Æз ыл фæхæцыдтæн æмæ йыл схъæр кодтон: — Æнцад! Змæлгæ дæр мауал скæн, акъабæзтæ дæ кæндзысты! Ныффæлурс ме ’мбал, йæ дзых схæ- лиу, афтæмæй мæм тарстæй кæсы, цыма куитæй нæ, фæлæ мæнæй фæтарст. Æз дæр чындзау ’мæ бынаты бандзыг дæн, куитæн æмбарын кæнын, уæздан лæг кæй дæн. Уыдон нæ рæзты æрызгъордтой, уæлбы- 54
лæй бынмæ акастысты, цыма ма нæ фæдыл исчи ссæуы æви нæ, уый бæрæг кæнынц. Стæй сæ къæ- дзилтæ тилгæ фæстæмæ фездæхтысты, нæ размæ æр- бауадысты æмæ нæод басмыстытæ кодтой. Гуйманæн йæ былтæ змæлынц, фæлæ йæ дзырд йæхимæ дæр нæ хъуысы: — Тузик, Тузик... гъа, гъа... Мæн худæг æрцахста, фæлæ мæхиуыл хæцыд- тæн —куитæ мæ рæстмæ куы нæ бамбарой. Уалын- мæ фиййæуттæ нæ размæ æрхæццæ сты, фæхъæр сыл кодтой, æмæ уыдон дæр сæ хъустæ фæгæмæлгæнгæ- йæ^иуварс гцыдысты. Салам радтам кæрæдзийæн æмæ бынæттæм схæрд кодтам. Мæ фындзыл ауад фыдызгъæлы адджын тæф, æмæ,мæ комыдæттæ æр- уадысты. Фæхъуыды кодтон, абонсарæй мæ дзыхмæ комдзаг кæй нæма систон. Дадо æртæкъахыг суан- цъæйыл æвæрд цуайнаджы сæр систа, басы фынчы- тæ стыр хъæдын цолпыйæ æмбырд кодта æмæ сæ иуварсмæ калдта. — Нард уарай, Дадо,— загътон æз æмæ йын йæ къух райстон. — Æ\тж иæм нæут, уазджытæ,— зæрдиагæй ныл бацин кодта Дадо,— цы хур, щы къæвда уæ æр- хаста? Гуйман йæ комыдæттæ нынныхъуырдта æмæ зæ- ронд фиййауьт къух дыууæ къухæй райста: — Рагæй дæ нал федтбн, Дадо, хъæумæ хæстæг иал цæуыс. - — Хъæуы ныр цы ми кæнын, мæ хур, лæгæн йæ куыст кæм уа, йæ цард дæр уым ис. — Куыд сты уæ хъуыддæгтæ? — агмæ кæсгæйæ бафарстои æз. — Куыдæй фыддæр,— загъта Дадо, æмæ цолпы- $5
йы тигъ сабыргай æрбахаста басы фыпчытыл,— куы- дæй фыддæр. Хур уæтæрты ныгуылæнварс бæрзонд къæдзæхы аууон фæцис, фæлæ ма дзæбæх рухс-уыди. — Къæпыйы мисын уæм нæй?—бафарста Гуй- ман æмæ та йæ комыдæттæ нынныхъуырдта. «Æх- хормагæй мæ сæр фæзплы»,— афтæ мын дзырдта иухатт æмдзæрæны. — Къæпыйы мисын? — бахудти Дадо æмæ, ай- нæгæй фæйнæрдæм пырхгæнгæ цы æхсæрдзæн кал- ди, уымæ цолпыйæ ацамыдта,— уæртæ уыцы донæй фылдæр! Фæйнæ хъæзын къусы уазал1 мисынæй банызтам, стæй, дзуг кæцæй æрбацæйскъæрдтой, уыцы фахсыл сæ размæ схызтыстæм. Иу кæронæй иннæмæ знæт фосы астæуты ацыдтæн. Фæстæмæ куы ’рбаздæхтæн, > уæдДадойæп тæфæрфæсгæнæгау загътон: — Раст загътай, уæ хъуыддæгтæ куыдæй фыддæр сты. * ’ — Цы бакæнæм? — йæ уæхсчытæ фелхъывта зæ- ронд фиййау. ’ , ■ — Иæ бæллæх дæр уый у, æмæ кæрæдзийы цы бакæнæмæ^ фæрсæм. ,Дадо арф ныуулæфыд: цыма мæ ныхæстыл нæ, фæлæ æндæр цæуылдæр хъынцъым кодта, афтæ мæм фæкасти. — Кæм сты далыстæ?' Дадо йæ лæдзæгæй ацамыдта фахсмæ, дзуджы нннæ кæронмæ: ; — Уæртæ-ма кæс! Æз фæкастæн, зæропд фнннау йæ лæдзæджы •фындзæн чердæм ацамыдта, уыцырдæм æмæ ауыд- ^гон: фахсыл уæлоз; дзуджы кæрои иуварс стыр пæл фыс йæ фæстæгтыл слæууыд. Кæуыл багæпп кодта, 56'
уыцы чысыл фыс æп нæ баурæдта — йæ раззаг къæх- тге фæдыдагъ сты, .æмæ дыууæйæ дæр бынмæ æр- тылдысты. Стæй фæгæппытæ кодтон æмæ фæйнæ- ]>дæм лндзæг фссты... Мæ фæскъæбут ранхъуыст фпййæутты худын. Фæстæмæ сæм пæ ракастæп, аф- тæмæй сæ бафарстон: — Цæуыл чыр-чыр кæнут? — Чыр-чыр кæнынц,— сæ бæсты дзуапп радта Дадо,—"маст худииаг куы свæййы, йæ мардæрцыд уый ,у. Æнæуый дæр мæ чемы нæ уыдтæн — Лгуыбены хабар, Заретæйы хуынтæ, мæнæ далысты мæгуырау пымæц æмæ, хъуыды дæр кæй нал кодтон, ахæм би- рæ мæтаг лыстæг хъуыддæгтæ иу азары сиу сты æмæ мын мæ зæрдæ æхсыдтой, зулкъ хыфтæры кæрон куыд фехсыны, афтæ. Æмæ ныр зæронд лæджы дæл- гоммæ ныхæстæм мæхи нал баурæдтон. — Дадо,— йæ урс боцъомæ йын æдзынæг кас- тæн,—куысты дæр æмæ азтæй дæр ды ацы ран хис- тæр дæ. Æмæ дзуапп дæуæй агурдзыстæм, дзуг ахæм х æдзæллаг уавæры кæй ис, уый тыххæй. . — Мæнæй, мæнæй,— лæдзæджы сæрыл йæ къух- тæ кæрæдзиуыл æвæрдæй уæззау уагъд æркодта æмæ йæ сæр тилы,— уæдæ æндæр скæмæй? Гуйхман мæ фарсмæ æрлæууыд, мæ цонгмæ мын æрбавнæлдта. — Кæм сты уæ далыстæ? — Дæхæдæг æй нæ федтай? — Дадо йæ боцъо- йæ ацамыдта, æрдæбон дыууæ фысы фахсыл кæм æртылдысты, уырдæм,—Арæби, нæхи хохаг фыстæ цæмæн схæццæ кодтам, а пародистыйтæ кæй хонынц, уыдонимæ? Стæй сæ фырмæ цæуыны рæстæг хохмæ иумæ аскъæрæм. Æмæ уый раст у? Хæрзмыггæгтæ 57
силр , сты, æМæ сæ сылвос уырдыджы йæ уромынц, дæхæдæг сæ федтай. Æз сæм^кæсгæйæ баззадтæн: пыр бамбæрстон, фийæуттæ цæуыл худтьгсты, уып. Фæлæ ма мæ тæв- дыл уыдтæн æмæ .та уайдзæфтыл фæдæн: — Æмæ ныр ацы фос уæхи куы уаиккой, уæд- дæр афтæ чыр-чыр кæниккат? Цæмæн сæ скъæрыс хохмæ иумæ? х — Мæгъа...— йæ лæдзæджы æнцой гуыбырæй лæууы хистæр фиййау,— мæгъа... Амæйразмæ ахæм хабарыл никуы сæмбæлдтæн. Фарон нæм æрластой хæрзмыггаг фысты. Уымæйразмæ сæ мæ цæстæй дæр никуы федтон. Мæнæ нæхимæ хохаг фыстимæ базæ- ронд дæн æз... Фæлæ сæ ардæм чи ласын кодта, уый сын хъуамæ сæ хъæд дæр зыдтаид. Лхуыргоид адæм куы стут. ^ — Гъе, нæ алы хъуыддаг дæр афтæ! — загътон æз æмæ разылдтæи уæтæры быпæттырдæм. Сæргуы- бырæй цыдысты иниæтæ дæр. мæ фæстæ.— Дадо,— загътон æз, бын&ттæм куы ныххæццæ стæм, уæд,— къуырисæры .нæм æмбырд уыдзæии правделийы. Дæхи цæттæ дар, машинæ дæм сæрвитдзынæн. Дадо ’аг йæ хъустæй фелвæста, цатыры цур æй тъæпæн дурыл æрæвæрдта. Стæй арты фарсмæ дзуц- цæджы æрбадти, æвзалы æмæ æртхутæгæй æмбæрзта цæхæр. — Цæй машинæ мæ хъæуы,— арф ныуулæфыд зæронд лæг. Иæ сæр хæрдмæ нæ систа.— Саргъы- бæхыл дæр фæхæццæ уаин. Фæлæ мæн ныууадз. Æмбырдтæм цæуынæн нал бæззын. Æгæр фæуæззау ме уæнг. Базæронд дæн. \ — Нырма зæронд кæм ис? — загътон æз.— Цæй, хæрзизæр! Дадо куыддæр фестъæлфыд, цыма, цы цæхæримæ 58
архайдта, уырдыгæй йыл зынг фесхъиудта. Сыстад: — Куыд «хæрзизæр»? Æхсæвæр бахæрут æмæ фæидараст. — Нæй рæстæг. — Ма нæ бафхæрут. Ардыгæй уазæг афтæмæй никуыма ацыд. — Мах уазджытæ не стæм,— загътон æз æмæ ра- цыдтæн. Æхсинты комы ныл æрталынг. Фарæты рухс-иу айиæг къæдзæхтыл ферттывта, куы-иу сæрсæфæны былгæрæттыл фестъæлфыд, кæм та-иу фæндагæй дзæвгар гæппæл равдыста. Нарæг ком гуыв-гуыв код- та нæ машинæйы хъæр æмæ Æрæфы æнæнцой уы- нæрæй. — Дзур йстытæ, кæннод мæ.цæ'стытæкæрæдзиуыл куы фæхæцой, уæд Æрæфæн йæ тæккæ тæхы смидæг уыдзыстæм,— хъазæн ’ныхас кæнын, фæлæ мæ чемы нæ дæн, мæ зæрдæ æпуд рыст кæны. — Мæ фындзыл уайы уьщы фыдызгъæлы тæф,— йæ комыдæттæ ныпныхъуырдта Гуйман. Æз бахудтæи: — Иу журналы кастæн: лæг тынг куы сæххормаг вæййы, уæд буары æнæниз чырæгтæ низджынты ба- хæрынц. Бирæты стонгæй дзæбæх кæнынц. — Уый къæсхуыртæм нæ хауы. Зæрдæрисгæ ахъуыды кодтон: «Афоныл никуы бахордтон». Æгæр сæххормаг вæййын æмæ æгæр ба- хæрын. Мæ уæлæдарæе мын уынгæг ад кæиыи рай- дыдта, фæбæрæг-мæ гуыбын. — Æрфæн,— загъта Гуйман,— зæронд фиййаумæ æгæр сдзырдтай. -— Мæ хæдзары хъуыддæгтæ дзы нæ домын. — Аххосджын Дзибнс у. — Уый дæр нæ нæ аирвæздзæн. 59
Правленийы æмбырдмæ нæм æрцыд Зæнпюпы фырт. Æз лæмбынæг фæдзырдтон мæ хъуыдытæ, нæ хæдзарады специализацийы бындурыл дарддæр куыд райрæзын кæпын хъæуы, уый тыххæй. .Бахастон бæл- вырд фæндæттæ. Æппæт уавæртæм гæсгæ.дæр мах сæйраг хъуыддаг — æхсыр: Уый у нæ фидæн, нæ хъæздыгдзинад, нæ ис, нæ боны гуырæн. Æрхастон сын бабызы -æмбисонд дæр/ Ныхасы бар ракуырдта зæронд хъомгæс Габре: ’ — Нæ фермæйы хъуццыты фылдæр æмбис, абар- дин-æнгузтæ* сæ хонынц æви сæ цы хъылма хонынц, ахæмтæ сты. , ’ ; , . — Абердин-ангузаг’ мыггаг! — йæ ныхас æм æр- баппæрста Дзибис. л - > • ’— Гъо, дæ рын бахæрон,—^ йæ ныхас дарддæр кæ- ны Габре,— цыфæнды сæ хонут, фæлæ дуцынмæ нæ бæззынц. Мæ цæргæ-цæрæнбоны ахæм хъæддаг ’фо- сы хатт никуыма федтон. Маегуыр не сты нæ хъуг- дуцджытæ, уыдонимæ чи архайы. Æз сæм мæхæдæг бац’æуын куы нæ уæндын! Уыдон фыдызгъæлæн ран- тысын кодтой ахуыргæндтæ; мах та сæ æхсыр агу- рæм! Нæу раст!-’Ноджы сын сæ родтæ баиртæстам, æмæ уыдон дæр фыдхуыз хæссынц. Урсаг та сæ цы исæм? Бон дыууæ-æртæ литры. Хæргæ та цас кæ- нынц? Æмæ уыдæттыл иу хъуыдыгæпæг нæй. ( Габре йæ^ныхас нæмафæци, афтæ Дзибис сыс- тад. - — Мæгуыр нæ бон, Габреиы йедтæмæ хæдзара- дыл иу хъуыдыгæнæг нæй,— загъта уый æмæ мæн- мæ былысчъилæй худгæ æрбакаст.— Ды, Габре, ныр- тæккæ цы ныхæстæ ракодтай, уыдон* махæн рагæй . зыпдгонд сты. — Йæ бæллæх дæр уый у, æмæ зонгæ-зопыи пæ- 60
хи кæй сайæм,— бахъуыр-хъуыр" кодта зæронд хъом- гæс æмæ йæ бынаты сбадти. — Æм’æ нын уæдæ цы ’кæнын кæныс? — цыма мæн фæрсы, уыйау мæмйæ мидбылты худы сæираг зоотехник. Габре сыстад, фæлæ йыл Дзибис йæ къух ауыгъта — Бад! Æз загътон: — Бауадз лæджы дзурын. — Æз ницыуал дзурын,— бахъуыр-хъуыр кодта зæронд лæг. " * ’ — Бустæтæ кæиын дзы ницæмæн хъæуы, мах æх- сæиы хъуыддæгтыл’ дзурæм. Æз дæ фæрсгæ’ кæнын, цы уынаффæ дæм ис,— Дзибис ын йæ къух æрæвæрд- та йæ уæхскыл: фæрсæй-фæрстæм бадтысты. — Цы уынаффæ мæм ис,— Га<бре хæрдмæ скас-' тп йæ фарсмæ лæууæгмæ,— ауæй сæ кæнæм æмæ хæрзмыггаг хъудцытæ балхæнæм. ’ ". . — Федтат? — Дзибис йæ цæстæнгас ахаста ’æм-. бырды бадджытыл, йæ цæсгомыл та ахъазыд уыцы æнад зынæрвæссон мидбылхудт — йæ ныхмæлæууæ- джы æнцонтæй йæ уæнтыл кæй авæрдзæп, ууыл ’ды- зæрдыг æппындæр нæ’ кодта.— Куыд æнцон аразæн* сты нæ хъуыддæгтæ. Ауæй кæн æмæ балхæн, æмæ дын специализаци! Къуыдырвых каркау дын æй тæ- бæгъы æрбахæссынц, æрмæст ма1 иыл нурыдзæхдон акæн. Нæ фæлæ ма-иу нæхицæй алцызонæг уынаф- фæгæнджытæ ма аразæм. Хъуыддаджы сæр чи лæу- уы, уыдон дæр, æвæццæгæн, цæуылдæрты хъуыды кæнынц,— Дзибис та мæнмæ æрбакаст.— Зæгъæм," нæ дуцгæ хъуццытæ ауæй кодтам, уæд паддзахады пълан та цæмæй сæххæст кæнинаг стæм?" Чй" дын’ ауæй кæндзæи йæ цæттæ’дуцгæ хъуг, уый’дæр’ хæрз-" мыггагæй? * 61
— Ныхасы бар,—йæ къух скъоладзауы хуызæн сдардта Гуйман. Æз ын мæ сæры тылдæй бар рад- тон. — Мæнмæ афтæ кæсы,— райдыдта Гуйман,— æмæ ныронг нæ хæдзарады хæстæ, йæ нысан бæрæг бæл- вырд нæ уыдыеты.,,. Æндæр куыд ис уымæн гæнæн, æмæ дзидзайы фосæй æхсыры хæс фидæм? Уый нæл сæгъ дуцæгау у. Æмбырды уæвджытæ базмæлыдысты, кæйдæр ху- дын райхъуыст. Æз фæкастæн Зæпгионы фыртмæ — уый стъолы уæлхъус мæ’ фарсмæ бадтй — уый дæр йæ мидбылты бахудти. — Фосдарыны куыст наукон бындурыл не ’нца- ди. Æмæ дыы мæиæ йæ пайда: паддзахады хæсты бын фестаем — æртæ милуан сомы иæ бафидын хъæ- уы! Нæ рагъыл! Дзибисы цæстыты мæстæрттьшд сæмбæлд мæ фын- дзы хъæлыл. Æз погæй фæкастæи Зæппюны фырт- мæ. Уый стъолы уæлхъус ныггуыбыр, цыдæртæ фыс- та йæ блокноты. — Уый мæнмæ фыдгæнд кæсы, чи цыфæнды хъуы- ды кæнæд. Нæ альгхъуыддаг дæр — хæрæгыл хъæмп хæссæгау. Чидæртæ та бахудтысты. Æгæр æй фæцæхджып кодта ме ’рдхорд. Кърандасы фындзæй стъол æр- хостон: — Сабырдæр! Мæ ныхас кæмæ хаудта, уый мæхæдæг дæр дзæ- бæх нæ бамбæрстоп: Гуйманмæ æви хъусджытæм. Æхсызгон мын уыди, Гуйман æргом æмæ уæндонæй нæ хъæндзинæдтыл кæй дзуры, фæлæ мæ уыимæ цы- д,æр тыхсын кодта, цыдæр мæ Гуйманы рохтыл фæс- тæмæ хæцын кодта. Æмæ уыцы цыдæр уыдн сæйраг зоотехничьГ къæйных цæстæнгас. 62
— Цæстæй цы .уындæук, уымæй нæ цардæуы. Лрвгæронмæ чи никуы касти, уый нæ зоны, хур кæ- цæй скæсы, уый. Æмæ иæ фосдарыпы куыст ахæм æдзæллаг уавæрьг кæй ис, уым сæйраг зоотсхиик æнаххос иæу. Хатгай мæм афтæ дæр фæкæсы, цыма йæ зæрдæ нæ риссы, йæ бæрны цы хъуыддæгтæ ис, уыдонЫл. Уæдæ куыд бауагъта хæрзмыггаг фыстæ хæхтæм нæхимæ лыстæг фосимæ аскъæрын? Æмæ, дам, нæм хæрзмыггаг далыстæ нæй. Нæй нæм, уы- мæн æмæ нæхицæн зын нæ кæнæм. Кæннод абердин- ангузаг стурвос æхсыры-товарон фермæты цæмæн сты." Уый дæр—нæ сæйраг зоотехничы аххосæй. Ныр зæронд хъомгæсæн уайдзæфтæ кæныс, дæхи- цæй зондджын уынаффæгæнæг цæмæп аразыс, зæгъ- гæ. Габре ра-ст зæгъы, æмæ йæ уый тыххæй æф.хæрын пæ хъæуы. Кæныод фосдарджытæ фермæты цы уа- вæры цæрыиц? Мах та сæ цыдæртæ домæм. Гуйман сбадти. Дзибис мæрдфæлурсæй сыстад. — Æмбал фыодаг секретарь, æз домын, щæмæй сæйраг агрономы хахуыртæн партион принципиалон æгъдауæй аргъгонд æрцæуа: - Зæнглопы фырт æ^м фæ’каст, стæй та цыдæртæ афыста йæ блокноты. — Хахуыртæ? — йæ сæр уæлæмæ дæр нæ снста, афтæмæй бафарста, цыма йæхи фæрсы, уыйау.— Ца- вæр хахуыртæ? к Сыстади, йæ къухтæй æрæнцади стъолыл. Ком- коммæ касти Дзибисмæ. — Дарддæр дæр афтæ куы кусæм, уæд адæмы никуы баййафдзыстæм. Де ’мбæлттæ дын дæ хъæн- дзинæдтæ кæй амоныиц, уый хахуыр нæу, фæлæ ахуырг Уыдон дзыхæй дæм дзуры рæстæг йæхæдæг. Донæн йæ тæнджытæ чи агуры, уый аргъæутты дæр лæмæгъ, æнæбон адæймагыл нымад уыди—цæй 63
ХъуыДдагаразæг ис уымæй? Ныронг колхозы раздæ- ры сæрдары аиппыты аууон дæ уæнгмард куыст аф- тæ бæрæгæй кæ зынди. Ныр æгъгъæд! Кæнæ кусгæ, кæнæ бынат еуæпьд кæнын хъæуы, кусын кæй фæн- ды уымæн.. ’ Дзиб’ис бадти мæрдфæлурсæй: Касти кæдæмдæр къуыммæ, цыма Зæнгионы фырты ныхæстæ уымæ нæ хауынц. Мæ зæнгтæ адон сты тæссаг хъуыдыйæ: ныр куы фæгæпп кæнид æмæ роды дзидза æмæ кæрчыты кой куы ракæнид! Мæ сур хид акалд, мæ ных мæ армытъæпæнæй, асæрфтоп. Æрчънцыдтоп, мæ пом куы фехъуыстои, уæд. — Æрфæн,—йæ ныхас кодта райкомы фыццаг секретарь,— раст æмбары рæстæджы домæн. Раст фæндаг равзæрста хæдзарады рæзтæн — специализа- ци. Уы!й у нæ абоны ауæдз, нæ сомбоны æфсир. Кæй зæгъын æй хъæуы, рæдийгæ дæр фæкæны, райкомы уый тыххæй йемæ иу æмæ дыууæ ^хатты нæ ныхас кодтам, стæй ма ныхас дæр кæндзыстæм. Кæд уæ правлени мемæ сразы уа, уæд мæм ис иу фæндон: кæй кди кодтат, уыцы абердин-ангузаг хъуццытæ уæ сыхæгтæн раттут, уыдон та уын æхсыры фос рат- дзысты сæрмæ-сæрæй. Уыдон дзидзайы куыст ,кæ- иынц, сымах — æхсыры. Уымæй уæлдай æз нæ райко- мы бюройæ курдзынæн, дæмæй уын лæвæрд æрцæуа уæлæмхасæн фæрæзтæ хæрзмыггаг родтæ балхæиы- нæн, стæй фосдарджытæи хæдзар раразыны тыххæй. Уыцы хæдзары хъуамæ алы фадат дæр уа улæфы- нæн, хинайæитæ æмæ дзы сырх къуым хъуамæ уа. Кусæг лæгæн фьщцаг йæ цыхъуаг базон æмæ дзы уыйфæстæ дом. Нæ фосдарджытæн саразæм куль- турон, технологон, эстетикон æмæ сæйрагдæр та — психологон уавæртæ! Фæлæ нæ иу хъуыддаг бамба- рыц хъæуы: иупæг хæдзарады быидурыл аразæн нæй, 64
мæпмæ гæсгæ, специализаци. Баиу кæнын хъæуы йæ рапопы æхсыры куыстгæиæг колхозты хъару. Ахъуы- ды кæнут. ,Æм-бырды фæстæ ма Зæнгионы фыртимæ мæ ка« бинетыиучысыл афæстиат стæм. — Бирæ хьæстытæ дыл цæуы,— загъта мын уый,— афæдзырдæг дæр нæма кусыс, æмæ дыл ихуарæгау , кæльигц анонимкæтæ. — Уый мæ чидæртæ сæ маст нсынц. — Уый мах дæр æ^мбарæм. Сæ. куыстæй кæй сис- тай, уыдон, æнæмæнг, суринаг сты, фæлæ сурыи дæр зонын хъæуы. Ис фæллойадон уагæвæрдтæ, закъон- тæ, æмæ уыцыхуызы хъуамæ дæ бардзырдтыл бындз абадын дæр ма уæнда. Ды та арæх бæндæн къуба- лыл æрбалхынцъ кæныс æдзæстхиз юридикон факт- тæй нæ, фæлх дæхи дыууæ къухæй. Кæс лæмбынæг, иунæг æнæзакъон ми.дæр нæ! Фæсайдзæн дæ иу- ахæмы дæ хъару дæр, дæ зæрдæ дæр. Иунæг хица- уæн ,дæр бар пæй хитæрхонæй æфхæрын аххос- джынты. ’ , ’ ’ . Æз мæ сæр дæлæмæ æруагътон æмæ хъуыстон æфхæрæн ныхæстæм. Хъыг мын уыди, Зæнгионы фьтрт мæм. афтæ1 тызмæгæй кæй дзуры, уый. Æз ын раздæр радзуринаг уыдтæн мæ сусæг фæнд, Мæскуы- мæ «Госплемобъединени»-мæ. ацæуинаг кæй дæи род- тæ самал кæныны фæдыл, фæлæ мæхиуыл фæхæцыд- тæн: куы иæ мæ ауадза, исты та дзы «æнæзакъонæй» куы ссара. Мæ хъуыддаг куы фæрæстмæ уа, уæд мын, кæй ’зæгъын æ.п хъæуы, пыббардзæпи мæ хи- ,вæнд ми. Æз æй уынгмæ рахæццæ кодтон/ Йæ машинæйы дуар куы байг’ом кодта, уæд мæ зæрдыл æрбалæу- уыд, æхсæвæр нæм бахæр, зæгъгæ,* дæр ын кæйнæ загътон. Мæхицæй фефсæрмы дæн,^ фæлæ мæ тыхс- 5 Гуйман 65
тæй мæ армы ницыуал бафтыд. Машииæ сабыргай атылд мæ разæй, æз та рохстæй лæугæ баззадтæн. Æмæ мæм æвиппайды чидæр мæ номæй фæдзырдта. Æз фæкастæн фæстæмæ— кулдуармæ хæстæг акъа- ци бæласы бын мæ цурмæ æрбацæйцыд кæйдæр æн- дæрг. Правленийы агъуыстьг къулыл рудзынджы сæр- мæ стыр электрон цырагъы рухс егъау сæрбæттæнау зæххыл æрæппæрста бæласы аууон æмæ йыл, гауы- зыл цæуæгау, сындæггай цыдысты сылгоймаджы къæхтæ. Иу-фондз къахдзæфы ма сæ хъуыди мæнмæ, афтæ æрлæууыдысты, цыма рухсмæ рахизынмæ зи- вæг кодтой. Æз базыдтон Кафетæйы. Фæсте йын йæ фæрсмæфаст фæлмæн дзыккутæ, йæ тымбыл рус æмæ йæ фындзы фарс рухс кодта электрон цырагъ. — Кафетæ,—бадис кодтоп æз æмæ йæм хæстæг- дæр бацыдтæп.— Ам та цы ми кæныс ацафои? Кафетæ йæ сæр æруагъта, йæ къахфыидзæй цы- дæр^ аныв кодта, йæ рухсгонд уадулы астæу дзыхъхъ абадти, æмæ æз бамбæрстон — йæ мндбылты худы. — Бахатыр /кæп, Æрфæн,— загъта чызг,— æиа- фоны дæ кæй батыхсын кодтоп. Мæ мад мæ нал уа- дзы, иокуы кусын райдай, зæгъгæ. Райсомæй, дæр дыл пæ хæст кæнын, изæрæй дæр... /Енæхъæн къуы- ри... Мæхицæн загътон, ацы изæр æй æнæфенгæ нæй. Æмбырд ныр фæуыдзæн, уæд фæуыдзæн, афтæмæй мыл æмбисæхсæв сси... — Нырма æмбисæхсæв кæм ,и? — мæ сахатмæ æркастæн,— дæлæмæ^ дæр-уæлæмæ дæр дæс сахаты. Сывæллæтты хæдзары хицауæн мæ номæй зæгъ æмæ тæккæ райсом кусын райдай. — Бузныг,—йæ сæр батылдта ,Кафетæ, æмæ та йæ лæгъз уадулыл чысыл дзыхъхъ абадти. Мæ сæры фæзынди хин хъуыды. Æз загътон; 66
— Афтæ мæм чысыл фæлæуу... Гараж- дард нæу—æдæппæт сæдæ къахдзæфы. Мæ машинæ’ ратардтои, æрлæууыдтæи акъацн бæ- ласы бып. Дуар байгом кодтоп, чызгмæ дзурын: — Обад, æз дæ уæхимæ бадавоп. Чызг, цыма йæ ркъæфгæ чындæуыд, уыйау йæ къухтæ батылдта: ч — Нæ, нæ! Ницæй* тыххæй. Мæнæн ам хæстæ- джытæ ис... Ацы фæлмæыдзаст, бакастæй сабыр чызг мæм аф- тæ карз фæлæудзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн æмæ йæм хæлиудзыхæй кæсгæ аззадтæн. /Ие стыр цæсты- тæ цыма талынджы гæдыйы цæстытау ферттывтой, афтæ мæм фæкаст. Раздæрау лæууыди аууоны, мæ- нæн та ме ’ргом цырагъырдæм уыди æмæ, æвæццæ- гæн, мæ цæсгом исты туаг аныхъуырæгау куыд ан- цъылдтæ, уый хорз уыдта. Машинæйы дуар æрба- къуыринаг уыдтæн, фæлæ мæм Кафетæ фæлмæи хъæлæсæй сдзырдта: — Дæхицæн ма зын кæн... Дæу райсом раджы стын хъæуы... Æз бахудтæн: — Æндæр зынтæ нын хуыцау ма раттæд. Дæ мад дæм æнхъæлмæ куы кæса... — Ныр æнафоп у, кæдæм ма фæцæудзынæи... — Дæлæмæ дæр-уæлæмæ дæр цыппар километры ардыгæй Рæзбынмæ. Сбад. Кафетæ ницыуал сдзырдта, машинæмæ æрбацыд. Мæ фарсмæ куы ’рбадти, уæд мыл æрбакалди пуд- рæ æмæ духийы æхсызгон тæф. Машинæ куы фен- къуысыд, уæд æм бакастæн — йæ былтæ уыдысты уырыдзыхуыз ахорæнæй гæзæмæ’ахуырст, йæ цæсты бынтæм — æрвыг тæлмытæ. Фыццаг хатт æй реето- раиы куы федтоп, уæд мæм сывæллоны хуызæн фæ- каети, æцхъеелдæн, косметикæйы фæд йæ цæсгомыл 67
никуы уыди. Ныр мæ фарсмæбадти бынтон æндæр ’ Кафётæ, чындздзон чызг, ахуырстытæ, йæ алы фе- змæлд, йæ алы къахдзæф дæр зрнд æмæ æгъдауæй чп бары, ’ахæм ас адæймаг. Æмæ мæ ноджы тынг- дæр бафæндыд, æрдæбон цы сфæнд кодтон, уый бах- хæст кæнын. Хъæуы сæрмæ< хæстæг мæ машинæ ба- урæдтон специалистты хæдзары дуармæ. — Чысыл мæм банхъæлмæ кæс,— загътон Кафе- тæйæн æмæ машинæйæ рахызтæн. Окастæн дыккаг уæладзыгмæ— Гуйманы уаты рудзгуытæй рухскæ- лы. Тыргъты къæпхæнтыл хæрдмæ’ сызгъордтон, йæ дуар ын тыхджын ныххостон тымбылкъухæй. Гуйман мæм ракаст æнæ хæдонæй афтид майкæйы. Иæбæгъ- нæг уæхок ын мæ, армытъæпæны хъæбæрæй бацав- тон æмæ къæсæрæй бахызтæн. — Дæ дзаумæттæ! Тагъд! — схъæр ыл кодтои æз. — Цы хабар у? — Гуймаи сыдзмыдзы цæуы йæ сынтæгмæ — йæ уат конд’уыди. — Æнхъæлмæ дæм -кæсы! — Чи? — Кафстæ. Гуйман йæ сыитæгыл æрбадти, базæй æрбайста журнал «Фæсарæйпаг литсратурæ», хуыссыны , раз- мæ исты ма кæса, уый пæнæн нæй. — Æндæр ницы æрхъуыды кодтай? — тызмæгæй загъта æмæ та журпал базмæ баппæрста. — Дæхиуыл исты скъуыр, зæгъгæ, дæу^мæ дзу- рын! Гуйман мын комкоммæ ныккасти мæ цæстытæм. Цыма йæ кæсæнцæстыты æвгтæ цырагъы- рухсмæ æнахуыр æрттывд фæкодтоп, æви йæ цæстыты арфы зынджы стъæлфæнау æвпллон, фæлæ æнæмбæрст хъуыды стæлфыд, уый иæ зэнын, фæлæ мæ зæрдæ- иыл цьтдæр "рухсы цæф сæмбæлд; Æмæ уыцы арв^ 68
æрттывдæнгæс тыхæй мæ уæнгтæ куыддæр æркал- дысты, мæ комыкъултæ’ ауазал сты, цыма мит ахорд- тон.. Æрдæбоны . разæнгарддзиыад цыдæр æрбаци, фæсмрн мын мæ риуыгуыдыр æрбалвæста, уымæн æмæ æз фыццаг хатт бамбæрстон, куыд сыгъдæг æмæ арфу ме ’мбалы уарзондзинад. Æмæ уыцы æнæбып æнкъарæны цур мæпмæ мæхи рог’ми гадз- рахаты хуызæн фæкасти. Гуйман цыма æппыпдæр тагъд ннкæдæм кæны, уыйау, йæ дзаумæттæ кодта. Фæлæ æз уыдтон, йæ уæхсчытæ куыд зыр-зыр кæнынц, цыма йыл тæфсæг баха^цыд. Хорз ын æмбæрстон йæ зæрдæйыуаг — тæрсгæ кæны йæ уарзонимæ фембæлдæй. Æмæ йæм мæсты ,дæр кодтон— нæлгоймагыл нæ фидауы тæн- зæрдæ! Ис ахæм адæм, уарзондзинадæй зæрдæдзæф- тæ чи кæны. Бауарзæд — уарзынмæ та’ рæвдз сты — æндæр дын йæхицæн дурты бынæй дæр ракъахдзæн трагеди, мæнæ мыст, гæдыйы сæр куыд къаха, афтæ. Æмæ йæ диссаг’та уый у, æмæ ахæмты сылгоймæг- тæ кæнæ хъазæнхъулæн дарьшц, кæниод сæ дæрдтыл > лидзынц. , Рацыдыстæм уыигмæ. Гуйман кулдуары цур æр- лæууыд, æз бацыдтæн машинæмæ. Иæ дуар ын бай-* гом кодтон æмæ хъæрæй загътон: — Кафетæ, мæнæн бахатыр кæн, нæхимæ мæ тагъд агурынц. Мæнæ дæ мæ бæсты Гуймап бадав^ дзæн уæхимæ. Фæстæмæ фæзылдтæн ме ’мбалмæ: — Гуйман, дæ хорзæхæй, рацу, сбад. Фæлæ æвиппайды Кафетæ . машинæйæ рагæпп кодта. Быруйы рæбынты азгъордта, талынджы йын уыдтам æрмæст пæ урс кофтæ, æбæрæг мигъы къæ- мау дарлдæрæп-дарддæр кодта махæй, стæй цæх- Р'.рмæ уыпджы, тигъыл æрбайсæфт. Æз машинæйы 69«
сбадтæн, разылдтон æй фæстæмæ, фарæты рухсмæ ма ауыдтон Гуйманы — уæнтæхъил æмæ сæргуыбы- рæй кулдуары цæджындзыл хæцыди дыууæ къухæй, цыма йæ зæнгтæ йæ быны нал цæуынц, уыйау. Цы- ма йæ армытъæпæнты зæгæлтæ къуырд ис æмæ сæ туг хъары, афтæ мæм фæкаст. Æмæ мæ цæстытыл ауад, æртæ азы размæ Флоренцийы Санта Марияйы аргъуаны цы ны-в федтон, уый — Чырыстийы хус цар- мау дзуарыл байтыгъдæуыд, йæ сæр галиу уæхскмæ æ’рхауд, йæ ныхæй кæлы туг... Гуймапы æнæбон лæуд æмæ уыцы нывы æхсæн цы æнгæсдзинад уыд, уый мæм цыдæр худæг фæкаст, æмæ мæхицæй фефсæр- м^ дæн. Æз æмбæретон, ныртæккæ ме ’рдхорды зæр- дæ фæрчытæ кæй хауы,уæззау зæрдæхудт, маст æмæ æгъатыр фæсмонæй. Æмæ мæ фæндыд феххуыс кæ- нын... Ресторан фæцæйæхгæдтой, афтæ йæм бахæццæ дæн. Райстон дзы ’коньячы авг æмæ фæстæмæ раз- дæхтæн. Гуйманы æрбаййæфтон хæдзары. Бадти радиолæ- йы уæлхъус æмæ-хъуыста цавæрдæр пластинкæйы: мынæг мелодимæ. Йæ цæстытæ уыдысты уымæл. йæ’ цурмæ куы бацыдтæн, уæд мын йæ къухæй диван- мæ ацамыдта. — Сбад. Æз бацыдтæн цæлгæнæнмæ, ныллæг скъаппæй райстон дыууæ агуывзæйы, се ’мбисмæ сæ байдзаг кодтон нозтæй æм,æ фæстæмæ æрбаздæхтæн уатмæ. Гуйман ныр дæр ма хъуыста уыцы æикъард зарæг- мæ, йæ уæлхъус куыд æрлæууыдтæн, уый дæр, æн- хъæ^дæн, нæ бафиппайдта. Иæ фындзы бынмæ йыи бахастон нуазæн, фæл,æ мын уый мæ къух сабыргай аиуварс кодта. 1— Хъусгæ кæн,— загъта, цыма мын цыдæр сусæг- гаг хабар дзуры, уыйау,—Аве-Мария.., 70
Аве-Марил. Ныр зонын, уый æмбисопды рæСуГЪД мелоди кæй у... Фæлæ мæм уæд нæ бахъардта... Лæууыдтæн Гуйманы уæлхъус, агуывзæтæ мæ къухы, æихъæлмæ кастæн, пластинкæ зылд кæд фæ- уыдзæн... Гуйман радиолæйы сæр æрæхгæдта, сыс- тад, æнæдзургæйæ мын мæ~"къухæй райста агуывзæ. Банызтам. ’ — Мæ аххос уыди,— загътон’æз^—ныххатыр кæн. Гуйман йæ къух ауыгъта: - — Дæ аххос -та дзы цы уыди? Дæу фæндыди... Ды хуыздæр æнхъæл..; — О,— мæ сæр батылдтон æз,— фæйнæ ма дзы?.. — Æвæццæгæн, æгъгъæд у,— загъта æмæ мын мæ агуывзæ мæ къухæй райста,— искуы æрбад, мæ уæлхъус цы схъил дæ? — йæхæдæг уатæй рацыд. Æз дæр йæ фæдыл.. Цæлгæнæны та фæйнæ банызтам. — Æз æм писмо ныффыстон,— загъта Гуймаи. — Цы дзуапп дын радта? — Йæ дзуапп ын ныртæккæ дæхи цæстæй фед- тай. - ^ — Уый дзуапп нæу. — Дзуаппыл ма сыкъатæ вæййы? — Æрсабыр уыдзæи. Гуйман мын комкоммæ мæ цæстытæм æрбакаст, цьша зæрдиагæй дзурын æви нæ, уый бæрæг кæны. —^Цæмæн хъуамæ æрсабыр уа? Р1æ бар йæхи у, йæ зæрдæмæ чи нæ цæуы, уыимæ куыд хъуамæ сбæтта йæ хъысмæт? , — Ирон гæдымитæ! — æз æрхæцыдтæн коньячы авджы нарæг хъуырыл, фæлæ Гуйман йæ сæр баг тылдта: — Нал, нал... Райсом нæ кусын хъæуы. — Хуыцауæн дæр—,æртæ чъирийы,— загътон æз æмæ та агуывзæтæм рауагътон нозт. 71
— Æгæр тæнзæрдæ дæ, Гуймап, æгæр... Къулба- дæг чызг алыгъди, дæуæн та дæ зæрдæ суынгæг. Нæлгоймагыл нæ фидауы... Гуйман сæргуыбырæй лæууыди мæ цуры, агуыв- зæ — йæ къухы. ’ — Нæ бамбæрстай, ницы ба^мбæрстай,— цыма йæ мидбылты бахудти, афтæ мæм фæкаст,— Кафетæ кæй алыгъди, уый мып æхсызгон уыдп. Мæиæн музыкæ- мæ хъусгæйæ’ хатгай мæ’ цæссыгтæ æркæлынц. Фæ- лæ уый æфхæрд уды хъыпцъым пæу... уый рухс æр- хæндæг у... Царды цин арфдæр æмæ æххæстдæрæй чи ’вдисы, ахæм æрхæндæг. Музьжæйы кæлæнгæнæг тых хъыг æмæ æууæнкæй рантыст. Окрипкæйы цъæхс- наг зæлау удмæ рис чи нæ хæсса, уыцы цип у хуы- мæтæджы адджынад. Ахæм цин мæ нæ хъæуы, нæ мæм хъары... Уарзондзинад дæр афтæ... Æхсызгон- дзинад æмæ æрхæндæгæй коид у. Уыдонæй иу нæй — нæй дзы уæд арф æнкъарæн. Æз хъуыстон музы- кæмæ æмæ мæм афтæ ка’сти, цыма Кафетæ мæ цуры бады..; Бады æмæ бады. Музыкæ дзырдта: «Ам,ис», цард хъæр кодта:* «Нæй!» Фæлæ фæстагмæ бафи- дыдтой мæнæ ууыл: «Кафетæ стъалыйау дард у, фæ- лæ йæ уды иу хай стъалыйы рухсау цæры мæнæ ам»,— Гуйман йæ ^агуывзæ йæ риумæ ’ балхъывта. Æмæ.уыцы æнкъард рухсæй суыигæг мæ зæрдæ. Цы ми кодтаиы, куы нæ алыгъдаид, уæд? Æнæдзургæ- йæ йæ аластаин сæ хæдзармæ. Хъуырдухæн кодтаин мæхимидæг. Чи зоны, æмæ ныл искуы машинæ дæр сфæлдæхтаид... Бузныг, кæй алыгъди... Зæххыл кæй цæры, уый дæр мæнæн амондæн дæр æмæ хъыгæн дæр æгъгъæд у... Æндæр дзы æз ницы домын... * Р1æ ныхæстæй мæ тæрсын кодта Гуйман. «Сæнт- тæ цæгъды!» — яхъуыды кодтон мæхипымæр æмæ йын йæ агуывзæмæ фæцæйæвиæлдтон — кæд ын нозт 72
йæ зонд æрбатар кодта. Фæлæ мын цыма ме знæт хъуыдытæ бамбæрста, уыйау мæм æрбакаст, æмæ мæ зæрдæ æрсабыр: йай цæстæнгас уыди сыгъдæг æмæ фæлмæн, нозт ыл æппындæр нæ фæбæрæг — уæвгæ, нуазгæ дæр цас бакодта. — Уый та дын, Кафетæмæ цы писмо ныффыстон, у’ый цыбыр мидис,— загъта, Гуйман æмæ йæ цæс- гом срухсæрхæндæг мидбылхудтæй. Лæгæн базоныны фæтк нæй. Уыцы æхсæв дзæвгар рæстæг нæ бафынæй дæн. Хъуыды кодтон Гуйманы ныхæстыл. Цас фылдæр сæ равзар-бавзар кодтон, уыйас мæм сæнттæм хæстæг- дæр, цардæй дарддæргæнгæ цыдысты. Сæ æнæхъола мидис-мæм худæгкасти, фæлæ мын мæ зæрдæйы тас дæр,,æвзæрын кодта, мæхимæ хæстæг кæй нæ уагъ: тон, фæлæ мыл æрра куыдзау чи сагъуыд, ахæм гуырысхойæ: кæд, мпййаг, ме ’рдхорды 'Психикæ ис- кæцырдыгæй, къахыр у, цъæх- сыфтæры кæрон зул- чъы-хæрдæй куыд фæкъахыр вæййы, афтæ. Удцы æнахуыр хъуыды мæм æрдæгфынæйæ фæкастн æгæр стыр бæллæх, æмæ мæ хуыссæг æрбайсæфт. , — Нозт дын нал бæззы,— загъта Заретæ æмæ та уайтагъд афынæй. Æмге кæд æцæгæйдæр пс илатоиикои уарзон- дзинад, уæд та? Фæлæ уыцы хъуыды мæ зонд пæхимæ хæстæг нæ уагъта, мæнæ цъиуджын карк æндæр маргъы лæппыны куыд асуры, афтæ йæ сырд- та иуварс. Платошжон уарзондзинад... Æххормаг лæгæн ды ахъаз у, дардмæ кæй уыпа, уыцы адджын хæринаг? Æтзн Гуйман йæ бон базыдта Кафетæйæ æмæ йæхи сайы? Фæлæ ахæм сайды мыггаг пс ду- пейыл, уыцы къабайæ æддæмæ тонæг фидар риутæм ярмæй бавналыны бæллнц чн фæкъаддæр кæиа? - Мæ цæстытыл уадн Кафетæ, æмæ мæм фæсмон 73
æрцыд, лæгдыхæй Гуйманы колхозмæ кæй æрмйдæг кодтон... Кафетæимæ йæ хъуыддаг кæй нæ цæуы, уымæй йыл цыма къæм абадт, афтæ мæм фæкасти уы’цы æхсæв. Цас мæ хъуыди, уымæй фылдæр куы базза- йа мемæ, уæд мæ хъыгдарын райдайдзæн йæ æгуы- дзæгдзинадæй. Ацы æлгъаг, гадзрахатæйдзаг хъуы- дыйæ мæхæдæг дæр фæтарстæц, цыма калмы уазал буарыл фембæлдтæн. Райсомæй куы сыстадтæн, уæд- дæр мæ хъуыдытæ уыдысты Гуйманыл. Æрмæст ды- соны æнад æнкъарæнтæн се ’ртхутæг \дæр нал ,ссард- тон мæ зæрдæйы. Фыццагау ^уарзтон Гуйманы, фæн- дыд мæ, нсты хорз ыи куы ракæнин, уый. Сывæллонау, ьтл мæт кæй кæныи, уый дæр нымадтон мæ хæсыл. Æикъардтоы мæ’буары æпæниздзинад, æмæ мæ зæрдæ рухс уыди. , - Къуырпйы фæстæ цыдтæн Мæскуымæ, «Госплем- объсдинени»-мæ. Беслæиы аэропортмæ мæ аласта Дзибис йæхи «Жигули»-йыл. Гуйман дæр хæдтæхæ- джы опг мемæ рацæуинаг уыдй, фæлæ мæ фæнда- растгæнджытæй иу Дзибис уыдзæн, уый куы базыдта, уæд йæ фæнд аивта. 'Фыццаг фембæлдæй фæстæ- мæ кæрæдзи нæ бауарзтой. Сæ ахастдзинæдтæ æнæ- уый дæр хорз нæ уыдысты, фæлæ правлеиийы фæс- таг æмбырды фæстæ æргом знæгтæ фестадысты. Са* хæрамдзипад мæ зæрдæмæ нæ цыди, фæлæ сæ бафи- дауын кæныныл дæр нæ арха.’йдтон: кæрæдзийæ тæрс- гæйæ мæныл сæхи тынгдæр бæтдзысты. Мæ коммæ куы нæ кæсой, уæд та иуæй иннæ,йы акъуырдзынæн. Дзибис уыди хъæлдзæг, парахатзæрдæ, дæлуарзаг, æгъдау дæттынмæ йæ лæджы фырт нæ .баййæфтаид. Уыдис ын бирæ зонгæтæ стыр ’бынæтты кусджытæй. 1^скуы-иу сæ искæуыл куы сæмбæлд^ йæхи дæр амардтаид, нæ йæ рауагътаид æнæ фæхынцгæ. Хъæ- 74
уы дæр æй кæрдзындæттонæй ^зыдтой. Лрæх-иу нæ акодта цуаны, кæсагахсынмæ, йе та æнæуый æрдзы хъæбысмæ. Физонджытæ кæпыпмæ дæр нпкæуыл’æу- уæндыд — æфсиниуæг йæхæдæг фæкæны. Анекдоттæ та уыйбæрц зоны, æмæ дæ тæнтæскъуыд фæкæндзæн фырхудæгæй. Ахæм у Дзибис. Ахæм у йæ иу хай, мæйы рухегонд’ æмбисау адæммæ кæй æвдисы, йæ уыцы хай. Аууоны кæй дары, уый та цæст æнцонтæй нæ ’фендзæн, æмæ йыл нæма дзурын. Æрмæст уал уый зæгъын, гсмæ мæ йæ рухсгонд хайæ йæхимæ æл- васы, йæ талынг æмбисæй та мæ тæрсын кæны — мæ- нæ дын< мæ къух, кæд мыл хатгай уæрмы æнуд æмæ уымæл тæф не ’рбакæлы йæ мидбылхудтæй. Æмбу- дæптæй пыи æикъарын йс ’мбæхст зæрдæйыуаг. Аэропорты рсстораиы фæпиæ банызтам. Псррой- мæ бацæуæпы мып Дзпбпс мæ хæлафы дзыппы æх- исд къопверт. ацавта. * — Рæстæг дын куы фæуа, уæд-ну мын мæ заказ сæххæст кæн, æхща дын^мæнæ къонверты. ч Хæдтæхæг «ЯК»-ы чысыл салонмæ нæм рацыди æрыгон стюардессæ — цæмæйдæр мæм Кафетæйы хуызæн фæкасти, чи зоны, йе стыр цæстытæ æмæ бæзджын былты æвæрдæй. — Уæ боп хорз, зынаргъ æмбæлттæ,— загъта уый, æмæ пассажиртыл ’афæлгæсыд, стæй цæстыфæ- ныкъуылды бæрц ’йæ.цæстæнгас мæныл æрæвæрдта æмæ йæ мидбылты бахудти,— салам уын дæтты 3476 рейсы экипаж, фыццаг тæхæг Антонов Петр Алек- сандрович, дыккæг тæхæг Цæлкосты Таймураз Гацы- ры фырт, штурмап Атлантов Герман Федорович, стю- ардессæ Иванова... «Иванова...— мæхипымæр сдзырдтон нæ рæсугъд стюардессæйы мыггаг æмæ ахъуыды кодтон: — Ныр аимæ Мæскуыйы ресторан «Арбат»-ы абад...» 75
«...Нæ тахты бæрзæпд* авд мии метры, тагъдад— фондз сæдæ фæндзай кплометры... Уæ рæттæ уæхи- уыл бафидар кæпут, тамако дымыпы бар иæй. Рæст- вæндаг ут!..» — стюардессæ та мæнырдæм фæкасти æмæ та ,йæ мпдбылты фæлмæн бахудти. • Мæ зæрдæ срухс чызджы уыцы хæрзчысыл узæл- дæй. Иннæты æх’сæн мæнмæ тынгдæр йе ’ргом кæй аздæхта, уый мын цыдæрхуызы мæ хъуыдытæ, здæх- та Кафетæмæ—кæцæйдæр мæ дардæй æндæвта йе стыр цæстыты æназым тавиц—уыцы зымæгон изæр рестораны цы банкъардтон, уый та сног и стюардес- сæйы мидбылты фæхудтмæ. Фæлæ цы уыди иумæйа- гæй, арвы фæйнæ кæроны судзæг стъалытау кæрæ- дзимæ дард чи уыди, уыцы дыууæ æрыгон чызджы мæныл сæ цæст кæй æрæвæрдтой, уым? Æз фæстæ- мæ ракастæн (разæй бадтæн) æмæ федтон: хæдтæ- хæджы мемæ уыди æрыгон хæрз,конд лæппутæ дæр. Уæдæ мæм Кафетæ æмæ стюардессæ æмхуызон цæс- тæй кæй акастысты! уый æнæнхъæлæджы хабар нæу: рæгъы рахæссынмæ ма бæз’зын, фыццагау’ ма цæуын сылгоймæгты зæрдæмæ. Æмæ бамбæрстон: дыууæ чызджы удæй дæр, конд æмæ уындæй дæр фæйнæхуызон уыдысты, æмхуызон та сæ кодтон æз мæхæдæг — иу цæстæй мæм кæй кастысты, уымæй. Æз тахтæн бæрзæндты, сау зæххы сæртьг, æцæгæй хæдтæхæджы тахтæн,- мæ сæптты та — зæрдæйы ба- зыртыл. Алцыдæр хорз уыди, алцыдæр цыди йæ уа- гыл... Æрмæст мæ ферох хæрзчысыл хъуыддаг — Дзибисы уæззау къонверт мæ дзыппы кæй лæууы, уый. «Госплемобъединени»-йы мæ хъуыддæтæ,' æнхъæл куыд нæ уыдтæн, афтæ хорз ацыдысты: рафыстой нын 250 дыгæрдыджы! Сæйраг телеграфæй телеграммæ радтон Зæнгионы фыртмæ: уæлахиз! Æрмæст иу 76
’хъуыддагыл фæсмон кодтоп: ’мæ’зонгæты тшшфои- ты номыртæ’’Кæм уыдысты, уыцы фыссæн чиныг нæ- химæ ферох кодтон. Æмæ цы ми кодтаин пунæгæй ме стыр цинимæ? , Иокуы абадын хъуыди, ахæм хъуыддаг '«æрхуылыдз» кæньтн хъуыдис. Фæлæ кæи- мæ? Иуиæгæл та бæгæны нуазынмæ дæр зивæг фæ- кæнын... Гæнæн ницы уыд, æмæ сфæнд кодтон дык- каг бон хъæмæ атæхын. Изæры мæ номырмæ а^р- бацыдтæн (уазæгуат «Уæрæсе»-йы æрфысым кодтон), рагацау зæгъын, бахуыссон, сæумæдъæхæй та — балцы. Дуканитыл зильтн мæ нæ.фæидыди, кæд мын Заретæ бирæ цыдæртæ бафæдзæхста балхæнын, уæд- дæр. Уымæн дæр æмæ 'Дзибисæн дæр истьГ æфсои скæндзынæн. «Ницьт ссардтон», æмæ ууыл хъуыддаг ахицæн... Мæ хæлаф раластон, йæ фадгуытæй.йæ арæхстгай æрцауыгътон бандоны къæлæтыл. Æгæр уæззау мæм фæкасти, æмæ мæ зæрдыл æрбалæууы- ди Дзибисы къонверт. Систон æй дзыппæй. Бакъæртт æй кодтон — уæддæр афтæ ма,зæгъа, цы товартæ дьпг иыффыстон, уыдопмæ ’кæсгæ дæр нæ æркодтай, зæгъгæ. Бакъæртт æн кодтон æмæ дзы систон... дæс- гай туманты стыр цъæпæра. Тагъд-тагъд сæ анымад- тон — дæс æмæ ссæдз къæр-къæргæнаг цъæх гæх- хæтты, нырма къуХæвнæлд кæмæ иæй. Къонверт фæстæмæ тумбочкæйы сæрæй ^райстон, йæ хуылфмæ йыи ньжкастæн. Си,стон дзы гæххæтты чьтсыл гæбаз. Хуымæтæг кърандасæй йыл фыст: «Æрфæн, дьтууæ цъындайы мыч балхæн!» Дыууæ цъындайы æмæ æр- тæ.мины! Ацы дыууæ нымæцы æхсæн уыйбæрц тæс- саг ’æпæхъоладзинад уьтди, æмæ сæр зилын кодтой. Æхсæнкъ сармадзанæй багæрах кæн — уым дæр фылдæр æдылыдзинад нæй. Фæлæ æз хорз зыдтон, ацы фыстæджьь хицау æдылынæу. Гæртам. Мæ сæр разылд, æнæбонæй мæхи сынтæгыл бауагътон. Æмæ 77
æшшпайды мæхимæ фæкастæн уыры. Цыма мæ цæс- тытæ дыууæ хæрзчысыл, æмдымбыл стъæлфы феста- дысты æмæ æлгъаг æрттывдæй æрттивынц, знæтæй фæйнæрдæм ракæс-’бакæс кæнынц. Улæфт мын’ нал^ фаг кодта. Цыма мæ хъуы’ры къæбæр нынныхст, йæ хуылфы судзины саст кæмæн уыди, ахæм къæбæр. Мæ сур ’хид акалд. Мæ хæлафмæ фæ^æбурдтон, фæ- лæ йæ фæстæмæ баппæрстон бандоныл. Уынгмæ ра1 цæуыны ныфс мæм нал уыди, уымæн æмаг æмбæр- стон кæмдæр мæ зæрдæйы арфы — куы рацæуон, уæд дагъытъайладжы нозт ныккæндзынæн.- Мæн та нæ фæндыд ахæм уавæры лæмæгъдзинад равдисьш. Сабыргай æрсагъæс кæныи хъæуы, цы ’рцыди, ууыл. Зæрдæхæццæ кæныны онг мæ хурхæй мардта, æнæ- хсад буары гамау мæ удыл чи.бадти, уыцы чъизийы æнкъарæн. Мæ куыстчæмæ мæ цардыл ныронг цы рæ- сугъд фæндтæ уыди, уыдон æд уидæгтæ тынд сын- дзытау лæууыдысты |къæхты бын. Куыд бауæндыд? Мæ царды, мæ удыконды цы фæзилæн ссардта/мæн балхæныны фидар ныфс дзы чи бауагъта? Цы ’рщыди? Кæм ссардта уыйбæрц æх- ца? Цы ’лхæны ахæм стыр аргъæй? О, куыд сабыр цыди рæстæг! Мæн та куыд фæн- дыди, тагъддæр куыд æрбабон уа, уый! Æхсæв-бон- мæ мæ^цæстытæм хуыссæг æмгæрон не ’рцыд. Дыккаг бон изæрæй уыдтæп нæхимæ. Дзибисы сæхимæ не ссардтон æмæ араст дæн ре- сторан «Ацæмæз»-мæ. Уæдæ æндæр кæм уыдаид са- батизæр? Цыдтæн фистæгæй — нæ мæм цыди машинæйы бадын. Æрæфы бæрзонд былгæрæттыл, уырдгуытæ æмæ хæрдты калмау здыхсгæ цæуы хуырджын къах- вæндаг хъæды астæу. Ауылты фæндаг цыбырдæр у. Фæлæ æрмæст уый тыххæй нæ фæраст дæн дон-дон. 78
Мæн хъуыди Æрæфы уынæр. Хъуыди -мæ удхосау. Æууæндыдтæн: йæ фæлмæн сæр-сæр æнæкæрон па- рахатдзинадæй æрсабыр’ кæндзæн мæ зæрдæ. Нæзы- ты тæф,-ныллæг цагъанайы1 къутæры сусæг сыбар- сыбур; бобонайы2 артæнгæс сырх тæмæн — ныронг мæм афтæ касти, цыма сын а дунейыл æнæуæвгæ нæ уыди, мæнæ ныр куыддæриддæр сты, афтæмæй. Æмæ сыл ник’уы цин кодтон, кæд мæ æнæмбæрст бæллицæй сæхимæ ластой,'уæддæр; лæг, йæ хъустæ дыууæ кæй сты, ууыл куыд нæ фæцин кæны, афтæ. Хуымæтæджы’ нæх акæнынц: æппынæдзух цæстыты раз чи уа, уый нæсты нæ ахады. Ныр æндæрхуызы федтон сабыр изæры фæлмы сæрдыгон хъæды æф- сæрмдзаст рæсугъддзинад, æндæрхуызы фехъуыстон Æрæфы фæлмæн ,уынæр, уымæн æмæ сын мæхиуыл цыдæр æгъдауæй æнкъардтон се ’фхæрæг рæвдыд, мæ мард мады сыгъдæг цæстысыгау. Æмæ мæ зæр- дыл æрбалæууыдыстЬ1, Гуйман мын иухатт ацы раи кæй загъта, уыцы ныхæстæ: «Райгуырæн æрдзы ис иу мидис, мах кæй никуы базонæм æмæ бамбарæм, ахæм: мæнæ ацы ран, ацы хъæды, доны уылæнты, ацы къæдзтæ-мæдзтæ къахвæндагыл, дурты гуыбы- ны цæры не ’мбис—кæдæмфæнды куы ацæуæм, уæд- дæр пæ иу хай ам баззайы, баззайы сыгъдæгæй, уы- мæн æмæ йæ æрдз махæй райсы, гурдзы ма куы вæй- йæм, æнаххосдзинад йсдтæмæ нæм куЫ ыицыма вæййы, уæд. Уый тыххæй фæтырны уд райгуырæп бæстæмæ—æрдæгæй цæрын зын у, калм дæр ма йæ тыд къæдзилмæ фæстæмæ куы раздæхы. Фæлæ лæг йæ инпæ æмбис, йæх’и вджид чи вæййы, уый намыс æгад хъуыддæгтæй куы счъизи кæны, уæд ын æрдз- 1 Цагъана —'■ хохаг бæлас. 2 Бобона — хохаг бæлас. 79
мæ тыхдæттæг æвæрæнау цы хай вæййы, уый амæ- лы...» Амæлы... Мæхинымæр ныккæрзыдтон ацы æна- хуыр хъуыдытæй. Æвилпайды мæм • афтæ фæкаст, цыма ацы бынæттæй тагъд æнусмæ фæхицæн уыдзы- нæн. Æмæ мæм æгæр.зынаргъ фæкастысты. Æрлæу- уыдтæн. Хъæды æгуыппæгдзинадæй мæм ГуймаНы ныхæстæ хъуысыдысты сау халоны уастау. Æмæ та мæм фæсмон ■ æрцыди — цæмæн æркодтон’ Гуйманы ардæм, цæуылнæ йæ уагътон йæхи. адыл. Цæмæдæр гæсгæ мæ тынг уырныдта’, цас къаддæр зона < мæ хъуыддæгтæ, уыйас мын æпцондæр уыдзæн. Æрлæу- уыдтæн. Афæлгæсыдтæн фæйнæрдæм. Дзæбæх æрта- лынг. Фæлæ ма цæст æвзæрста хæстæгдæр бæлæстæ æмæ къутæрты хъæды æмдалынг рагъыл. Æрæфы фæлхъазæнтæ мынæг æрттывд кодтой зиæт кæфтау, арвыл фылдæрæй-фылдæр ч’и кодта, уыцы стъалыты æдзыиæг рухсмæ. / Ау, Гуйманы ныхæстæ раст |сты? Æ’мæ сыл уæд, æнцон мын куы уыди, мæ зæрдæ мæхимæ куы пицæ- мæй æхсайдта, ’мæ хъару йæхи равдисынмæ хъæхъ- хъаг куыдзау йæ бæттæнтæ куьгтыдта, угед сыл мæ- хинымæр худгæ <куы кодтои. Ныр та мæ тыхсты са- хат æвдадзы ’хосау цæмæн бахъуыдысты, цæмæн сыл райдыдтон æууæндын, цæмæн мæ хъæуы сæ рæст- дзинад? Цы агурын ацы æгомыг æрдзæй?, Ныр æм’барын, цы агуырдтон, уый... Æм’быдмих кауау фæлдæхгæ /кодтон, . æмæ мæ быцæу хъуыди. Хуыдис мæ æххуыс, .мæ уды хъæрмæ Хетæджы къо- хау чи стахтаид хъæдæй æмæ мæ йæ аууо1Г чи ба- кодтанд, ахæм цыдæр... Уыцы изæр^мæ катай капд ууыл нæ уыди, æмæ мын Дзибис гæртам раттын кæй бауæндыд. Стырдæр бæллæх, æгъуыстагдæр фыдæ- -%æй тарстæн уæд — цыдæр æлгъыст, уæигтæ æнæ- бонгæнæг æнкъарæнæй рагацау базыдтон: Дзибиси- 80
мæ хъæбысхæсты мæхæдæг састы бынаты баззай- дзынæн. Цæмæн, уый дæр æмбæрстон: йе ’нæсайд, цуанон куыдзы æмбудæнæй мæ мидæг йæхи ’нгæс цыдæр ссардта, æмæ уый хæцдзæни йе ’мварс. Федта дыккаг Æрфæны, фыццаджы арæх рæдыд фæндагыл чи сардауы. ’ Фæлæ йын æз расидтæн хæст. Бацыдтæн ресторанмæ æмæ йæ федтон йæ лымæн- тимæ дзаг фынджы уæлхъус бадгæ. Мæ размæ ра- уад, фæхæцыди мын мæ цонгыл, сыфцæй ласæгау мæ баласта йæ фынгмæ. Йæ цыбыр æнгуылдзтæ мын мæ цонг аркъауау æгъатырæй æлхъывтой,æмæ зæр- дæрисгæ ахъуыды кодтон: «Æнхъæлдæн, йæ буар æфсæйнаг хæцъæфтæй конд у ацы куыдзы фыртæн». Мæ дзых схæлиу кæнын дæр мæ нæ бауагъта — мæ къухы мын фæсагъта æмбæлæггаг: коньякæй йæ тæк- кæ дзаг чысыл тигъджын агуывзæ. Мæ роцъомæ мын йе 'м(бæлттæй иу æрбадардта физонæджы нард карст вилкæйы.фындзыл. Мæ дзыхы уыциу калд бакодтон хъæхъхъаг тæнгъæд. Æмæ уыцы рæстæг мæ цæстæн- гас сæмбæлд Кафетæйы цæстæнгасыл: чызг цыди ма- хырдæм, йæ дыууæ къухæй хæцыди тæвд физонæгæй дзаг етыр тæбæгъыл. — Куыстмæ цæуылнæ рацыдтæ?—бафарстон æй æз, стъолы астæу тæбæгъæн бынат куы кодта, уæд. Уый йæ куыст кодта, цыма мын мæ ныхас нæ фе- хъуыста, уыйау. — Бузныг,— æрæджиау бустæхуызæй загъта, фæ- лæ мæм йæ сæр хæрдмæ нæ систа,— мæиæн мæ куыст ам ис. ’ * — Уый та куыд? — бадис кодтон æз. — Бузныг. Дæхи ма тыхсын кæн,—’загъта Кафе- тæ æмæ фæраст и нæ цурæй. Дзибисы цьгбырæн- гуылдз къухтæ мын мæ уæхокыл бынмæ æрхæцыды- 6 Гуймад 8^
сты: чысыл ма бахъæуа, мæ зæнгтæ ма фæтасой, фæ- лæ бадын нæ бакуымдтон. — Дзибис, хатыр ракур де ’мбæлттæй æмæ цом. Сæйраг зоотехник мæм кæсгæ аззад. — Исты хабар?..— æрæджиау ныллæг хъæлæсæй бафарста, æвæццæгæн, иннæтæ куыд ницы фехъусой, уый йæ фæндыди. — Горæтæй нæм уазджытæ ис,— хъæрæй загътон æз,— æнхъæлмæ нæм кæсынц правленийы. Дзибис йæ домбай æмдымбыл уæхсчытæ фелхъыв- та, йæ былтæ дисхуызæй рацъупп сты. — Уазджытæ? Ацафон? — йæ цæстытæ хинæрт- тывд фæкодтой. Бæрæг уыди, мæ ныхæстыл мын не ’ууæнды. Фæгуырысхо цæуылдæр. Домкоммæ мын худæндзастæй кæсы мæ цæстытæм. — Цом!—загътон æз æмæ рацыдтæн ресторанæй. Бир’æ æнхъæлмæ кæсын мæ нæ бахъуыд, уайтагъд мæ уæлхъус æрбалæууыди. < — Дæ уæрдон дын нæ уынын,— сдзырдта, æмæ рестораны алыварс нæзы бæлæсты бын цы машинæ- та^ лæууыди, уыдоныл йæ цæст ахаста. — Фистæг дæи. Сæйраг зоотехник мæм дисгæнгæ æрбакаст, фæлæ дзургæ ницы скодта! Иæ машинæмæ фæцæйцыд, фæ- лæ йæ æз йæ цонгæй баурæдтон. " — Фæлæуу. Ничи нæм æнхъæлмæ кæсы. Дзибис мæм фæстæмæ ракасти. "— Уы.й мæхæдæг дæр бамбæрстоп. —■ Уæдæ цом æмæ ам хæстæг искуы Æрæфы был- тæрæтты азилæм. 1 — Æхсæвыгон? — Бон дæ цæсгрм æгæр куы сырх кæна, миййаг. ’ — Иæ ныхас райсоммæ аргъæвæм. Иучысыл аныз- тон. Ды дæр фæндаггон дæ, баулæф уал, №
— Ницы кæны. Кæрæдзи бамбардзыстæм. — Маст мастдоны нал цæуы? — Раст мæ бамбæрстай. — 0. Фæлæ иу хъуыддаг не’’мбарын: уыциу цæ- фæй прокурормæ цæуылнæ -балæууыдтæ? — Прокурор нын никæдæм ирвæзы. — Æгъа, уæдæ хъуыддаг сæ хъуынджынтæй нæу,— загъта Дзибис æмæ нызгъордта бынмæ, Æрæ- фы тæккæ былгæронмæ æмæ мæм уырдыгæй уæлæмæ сдзырдта:— Æнæ ’вдисæнæй æви æвдисæнтимæ? ’’ Æз сабыргай йæ цурмæ ныццыдтæн уырдыджы. — Кæм дын уыди уыйбæрц æхца? — Цæйбæрц? — Ардæм дæ хъазынмæ нæ рахуыдтон. — Æз дæр хъазгæ нæ кæнын. — Мæ дзыппы мын гæртам цас иывæрдтай, уый нал хъуыды кæныс? Ногкалд бæласы бындзæфхадау — фидар. Ныл- лæг, фæтæнуæхсж. Цыма йыл æфсæрты стджытæ æмæ роцъо нæй, афтæ лæгъз цæсгом йæхи стæвдæп цыбыр хъуыримæ сиу — <бæрæг арæн нæй се ’хсæн. йæ синты сæртыл хæцы, йæ къæхтæ хæбæцц æвæрд — лæууы дыууæ стыр дурыл, уæддæр мæнæй ныллæг- дæр зыны. Кассы мæм комкоммæ æмæ худы: — Гæртам зæгъыс? — Гæртам зæгъын.' — Къуьщбил цъындаты аргъ!..— Дзибис размæ чысыл фæгуыбыр, зæрдиагæй ныккæл-кæл кодта. Æрæф мын мæ тæккæ къæхты бынмæ азрбасæххæтт кодта ч йæ уылæн, мæ цæсгомыл сæм’бæлд доиы уа- зал пырхæндæджы лыстæг æртæхтæ. Мæ иу къух иннæйы баурæдта. — Гъе, уæууæй, ÆрфæнГ—йæ сæр фидисгæнæ- гау батылдта мæ комкоммæ хæбæццæй лæууæг бын- 83
дзæфхад.. Талыпджы мæм быптондæр бгсласы ставд зæнгау кæсын райдыдта.— Куыд æвзæр хъуыды кæ- иыс дæ сæйраг спёциалистыл! Гæртам æз мæ хуы- цауæн дæр нæ ратдзынæн, мæ удхос мын йæ армы чи дарыл уыцы хуыцауæн дæр. Уыцы ’хца дæхи уды фæллой’ сты. Мæ’къухæй сæ кæй райстай, уый та ууыл дзурæг у, æмæ æз сыгъдæгæфсарм партыер кæй дæн... - Мæхæдæг дæр æй нæ бамбæрстон, цы ’рцыди, уый. Æрмæст мæ тæккæ комкоммæ Дзибис йæ къух- тæ тылдта, йæ гуыр фæстæмæ акъæдз, афтæмæй, нау- мæ сигналдæтджытæ чысыл тырысатæ куыд фæти- лынц, афтæ æиæуьшгæ знллаччытæ фыста уæлдæфы. Стæй фæстæмæ асхъиудта. Цыма дурты цæндты æх- сæн æрбайсæфт, афтæ мæм фæкасти, кæд йæ къæх- тыл лæугæ баззад; уæддæр. Мæ тымбылкъухы æл- хъывд æнгуылдзты тигътæ срыстысты — цæф, æвæц- цæгæн бæркадджын ’уыди. Дзибис иуварсмæ ачъыртт кодта; æхсæвы тары ды уыдтон, фæлæ йæ ту сырх кæй уыди, ууыл дызæрдыг нæ кодтон. — Бузпыг,— загъта Дзибис æмæ та мæ комком- мæ хæбæцц слæууыд, ’ ныртæккæ кæмæй асхъиудта, уыцы дуртыл, къухтæ — йæ сины сæртыл. — Бузныг, фæлæ уал хъусгæ бакæ. Æртæ мины гæртам не сты, фæлæ хай! Хай! Хай!' Кæд къодах нæ дæ, уæд. Æрдæбон мæ бафарстай: «Кæм дын уы- ди уыйбæрц æхца?» Уыйбæрц —ома æртæ мины. Фæлæ ды нæ зоныс, æхца æцæгæй цæйбæрц сты, уый. Уæддæр дыл чи баууæнддзæн? Ды бафыстай гæх- хæтт, æмæ фæзындысты. Æрмæст æртæ мины нæ. Дзæвгар фылдæр! 24 мины. Ды уый нæ зоныс, фæлæ дыл чи баууæнддзæн? Уый хъазт у—кæнæ амбылд- тай, кæнæ фæхæрд дæ. Мæ хуызæн партнеримæч та нр|куы фæхæрд уыдзынæ. Мæ зæрдæ фидарæй кæуыл 84
нæ дарон, уыцы хъуыддагмæ мæ ныхы кæронæй Дæр пæ бавпалдзыпæн. Уæртæ мыи ипнæ былгæроп сыз- гъæрины голлаг æрæвæр,— мæ къах доиы дæр нæ атулдзынæн, баленк æм кæндзынæн, зæгъ’гæ, ууыл мæ зæрдæ ’сæдæ процентæй куы нæ дарон, уæд. Гъе- мæ уæдæ .мадæмæй тæрс. Мæ тых-мæ бонæй та ралвæстон мæ хъару, мæ буары уæз, ме ’нæуынондзинад—æппæтдæр уыцы риуыгъды сиу сты, фæлæ ацы хатт Дзибис йæхп пу- /варс фехста пæ лæууæн дуртæй. Æз размæ батах- тæн, мæ къах скъуырдтон æмæ хуыртыл дæлгоммæ .бахаудтæн. Дзибис мæ уæлæ’ февзæрд — .бæхбадт мыл акодта. Мæ сæрыхъуынтæ мын дыууæ къухæй ацахста, хæрдмæ сæ рæдувыны онг сивæзта, стæй йæ тымбылкъухтæ мæ сæрыхъæбæрыл андзæвыды-/ сты—мæ цæсгом мын дуртыл хойы! Мæ бæрзæй бæргæ ныхъхъæддых кодтон, фæлæ ’фæлмæн хыссæ- йæ гуылау дыууæрдæм ратас-батас кæны ме знаджы цыбырæнгуылдз тыхджын къухты бын. Дзибис сыс- тад, схæцыд мæныл дæр, мæ къæхтыл мæ слæууын кодта. Фыццаг’ау та схызтн уыцы æнæхайыры дур- тæм, хæцы йæ спны сæртыл. —. Æрфæн,— дзуры мæм,— лæджы фыд хæрынмæ нæ бæззы. Кæрæдзи фыд куы бахæрæм, уæддæр не стджыты бавæрын нæхнмæ кæсы... Æз дæм æфсымæ- ры зæрдæ куы дарын, уæд мæм туджджыны цæстæй цæмæн ракастæ? Æви æууæнк’ никæуылуал ис? Уæд та дын уыды ’хцатæ не ской кодтон, мæ дзыппы сæ æрæвæрдтаин, æмæ хъуыддаг ууыл ахицæн. Фæлæ æз гадзрахатæй пæуын мæ сæрмæ нæ хæссын. Мæ на- мыс къапеччытыл, никуы ауæй кодтон, уæй дæр нæ акæндзынæн. Ме 'уУæнк мын чи бахæрын кæна, уый- бæрц æхца нæ паддзахады сæйраг банчы дæр нæй. Мæ зæрдæ дын æфсымæрау раргом кодтон, ды мæ 85
куиты хæринаг бакодтай, Цæй тыххæй? Цы ’рцыди? Ницы. Никæмæй ницы адавтам, пикæй аеайдтам. Колхоз(дæр, паддзахад дæр-уымæй иæ фæмæгуыр- дæр. Мах та уыцы ’хца хъæугæ кæиы — уазæг дæр нæм цæуы, хицæуттимæ дæр нæ æмбæлын хъæуы. Æнæ цæххæмæ кæрдзынæй та хъуыддаг нæ сараз- дзынæ—нæ рæстæг ахæм у. Нæхи.фæллой! Фæлæ дыл фæстаг рæстæг цыдæр .æрцыди... Де ’дылыдзæф лымæн дыл, авæццæгæн, фыдæрдæм фæзынди. Дзæ- гъæлы йæ æрхуыдтай ардæм... Арвит еей фæстæмæ, уæлæ кæм уыди, уырдæм, йæхицæн дæр, махæн дæр хуыздæр уыдзæни. Стæй йæхицæн чи ницы уа, уый шшæмæп дæр, ма тæрс, пикуы пнцы фæуыдзæп хор- зæй. Мæ цæсгом, мæ рæмбыныкъæдзтæ, мæ фæрспæ тæх- сы.нц дудгæ, пыма мыи мæ тугæрхæмттыл цæхх бай- . зæрстæуыд. Фæцæйцыдтæи Дзибпсмæ, фæлæ уып дур- тæй æргæпп кодта, иуварс алыгъд æмæ мæстæлгъæ- дæй нырдиаг кодта: ’ — Æдылы митæ ма кæн!.. Æз æрлæууыдтæи. — Байхъус æмæ базон! — мæпырдæм иу’ къах-* дзæф скодта,— байхъус! Къуымбилæн йæ сорт аив* там — æндæр ницы фыдгæнд бакодтам. Дæ къух ба- фыстай уыцы гæххæттыл... Цыппар æмæ ссæдз ми- * нæй къуымбилисæг йæхицæ1Гбаурæдта дыууадæс — уый уæле дæр ма хицæуттæ ис. Ипнæ æмбис æртæ раст- дихы фæцис: фермæйы хицау, , дæу æмæ ме ’хсæн. Цыбырдзырдæй, хъуыддаг чи~ арæзта, уый йæ хай райста... Ды зæгъдзыпæ: æз ницы зонын. Æз дыл æууæндып, фæлæ дыл æндæр исчи баууæнд- дзæн?.. Къуымбил уым нал и, ма тæрс, афонмæ дзы хъуымац уафынц. Ацу æмæ йын йæ фæдыл цæхх нæн. О, хæдæгай, Заретæ мын дæ иомæй афтæ, га- 86]
уызтæ нын ссар. Нæма сæ федтай?Тынг рæсугъд сты. Мин сыл бафыстон, æртæ мины та дын къухы ’хцайæ. Цæй, цæуыл дæхи хæ;рыс? Фæлтау фæйнæ баназæм’. Æрмæст рестораны нæ, кæрæдзи сывæл- лæттау фæцъæррæмыхстытæ <кодтам. Æнауæрдои пъæззыйы хуызæн’мидæндзыгæй дыз- дыз кодтой мæ пуæрттæ, æмæ сызмæлын нæ фæрæз- тон. Донласт мардау мæ буар ныддæнгæл цардæй иппæрд æнахъинон уæзæй. Æрбадтæн хуылыдз ^уыр- тыл, мæ хъустыл æруад мæхи тарф ,уынæргъын—мæ риуæй куыд сирвæзтис, уый нæ бамбæрстон. Дзибис мæ цурæй куыд æрбайсæфт, уый дæр нæ базыдтон. Бадын, мæ фæсонтæ сбыцæу кодтон, йе ’мбис доны чи дары, ахæмстыр дуры цыргъ тигъмæ. «Прокурормæ!» Арцы цыргъ . фындзау зæрдæйы ахызт, топпы гæрахау еæры магъз акъуырма кодта ацы агъуыд хъуыды. Сæфгæ, уæд сæфгæ. Æз сыстадтæн, фæлæ æнæбонæй фæстæмæ æрбад- тæн. Нæ мæм разынд ныфс. Мæ дард фехалыны ныфс. Мæ цард саразыиы ныфс мæм куыд нæ разынди, аф- тæ. Роды дзидза баласын хъуыди колхозы къæбиц- мæ, кæрчытæй дзаг стыр къоппытæ аппарын хъуыди уынгмæ. Куитæи. Ныр байрæджы. Цы рамбулдзынæн, прокурормæ куы бацæуон, уæд?1 Ницы. Æхсæнтæ доны фынкау^ йæхи равдис- дзæн чъизидзинад, чæндæр ницы. Дзибис зæгъдзæн: нæ федтон, нæ зонын. Сæрдар цы домдта, уый код- топ. Гауызтæ, фыстæ, кæрчытæ? Уыдысты! Æхца? Мæ цæсты кæропæй дæр — нæ... Уый — сыгъдæг, æз — чъизи... Æппæт уыцы æнтъыснæг хъуыдыты æхсæн — цы- 87
дæр æнахуыр рухсы стъæлфæн зæрдæйæ зондмæ, зондæй зæрдæмæ дыууæрдæм кодта, йæ мады чи нал ары, ахæм тарст байрагæй. Æмæ уыцы знæт стъæл- фæны ном уыди Ацæмæз. Мæ фырт. Сæрзилыны онг кæй уарзын, уый... Иæхи мæ сау хъуыдытыл рухсы цъырттау цæмæн баста, уый дæр æмбæрстон: æз мæт кодтон мæхиуыл нæ, фæлæ уый хъысмæтыл. Йæ са- бион сыгъдæгдзинадæй мæн, йæ фыды^ æбуалгъæй æнкъ^арын кодта, йæ хъысмæты цур цас бæрнджын дæн, уый. Уый уыди тæрхон, фæлæ ахæм тæрхон, мæ уæнгтæ мын æнæуынгæ рæхыстæй чи сбаста, мæ къæхтыл æнæуынгæ хъадаманæй чи ныффидар’,— размæ дæр мæ нæ уагъта, фæстæмæ дæр — йæ цард куы фехæла, ^ымæй йын тарстæн. Мæ цæстытыл уа- ди нæхп хуызæн сывæллæтты астæу бæгъпæгарæзт, къæмдзæстыгæй, æмæ мæ зæрдæ суынгæг фыртæри- гъæдæй... Ныр æмбарын, уыцы тæригъæдæй мæхи сайдтон, æфсонæн мæ хъуыди. Р1æ бындур раст нæ уыди мæ «ирвæзынгæнæг» формулæйæн: Гæртам+прокурор = ’ æнамонд мигъ Ацæмæзы арвыл. Мæхи баууæндын кодтон ацы хуымæтæг хынцп- наджы тæппуд æмæ гæды дзуаппыл æмæ дзы мæ уд сбастон, афхуыссыдтæн Дзибнсы къæхты бын. Æмæ бамбæрстон æвиппайды: амардтæн. Амардтæн, уы- мæн æмæ уыцы æхсæв, йæ мадæн мæлæт чи ’рхæс- сы, ахæм æгæр стыр сывæллонау мæхицæй гуырыди æндæр адæймаг. Уыцы "æндæр адæймаг уыдтæн æз мæхæдæг, мæхæдæг æндæр удимæ. Мæ фæлдисонды ба.цыди ног Æрфæн — йæ хæдзары бельгийаг гауыз- тæ, йæ дзыппы æртæ мины æхца, йæ зæрдæ — афтид. Нырмæ цардыл баст уыдтæн, æххормаг саби (мады дзидзийыл баст куыд вæййы, афтæ — æхсæны хъуыд- дк;гты зилдухæй, сæ мæстытæ, сæ цинтæи, бииопты 88
сыгъдæг фарнæй, колхозы фидæныл сагъæстæп. Пыр æндæр уидагæй хæцдзынæн зæххыл-—сайд.мп, тоиа æмæ тасæй. Æваст мæхинымæр скуывтон, кæд хуы- цауыл никуы æууæндыдтæн, уæддæр: «Дзибисыл йæ машинæ афæлдæхæд, амæлæд, зæххы скъуыды пых- хауæд!» Уый уыди мæ фервæзыны иунæг амал — аф- тæ хъуыды кодтон уæд. Фæлæ хорз зыдтои — ницы фыдбылыз æрцæудзæн ар’фуидагджын быидзæфха- дыл... Кгейдæр æндæрг уырдыджы бынмæ æрызгъордта, дуртыл гæппытæгæнгæ мæ уæлхъус æрбалæууыд. Дзибис. — А^ацæмæй тæрс, куыдз рæйæг дæр ныл нæ фæ~ уыдзæн,— загъта уый æмæ ’мын физонæджы уæззау уæхст мæ фындзмæ æрбадардта — йæ тæфæй йæ ба- зыдтон. Æз’ ын йæ къух акъуырдтон — уæхст хуыр- тьтл æрхаудта. Дзибис ницы сдзырдта, цыма ницы æрцыди, уыйау авгæй агуьГвзæмæ нозт рауагъта. — Гъа, аназ, фенцондæр дын уыдзæни. Æз райстон агуывзæ, банызтон. — Авг ардæм æри, æмæ дæ мæ цæст куыд нал фена, афтæ бакæн,— загътон æз æмæ,йын авг йæ къухæй райстон. Дзибис ацыди. Нозт мæ буары ахъардта æмæ мын фенцондæр. Авджы ма цы баззад, уый дæр ба- нызтон. Цас ма фæбадтæн афтæмæй — нæ зонын. Уæл- былмæ куы схызтæи, уæд рестораны авгкъултæй рухс нал ’калди, æрмæст йæ дуары сæрмæ стыр электрон цырагъ дзæбæх рухс кодта алфамбылай. Кæрты ма- шинæтæ дæр нал зынди. Æз æрлæууыдтæн агъуысты тигъмæ нæзы бæласы бын, мæ сæр зилæгау кодта, мæ къæмисæнтæ куыд дæнг-дæнг кæнынц, уый æн- къардтон. Фæлæ мæ хъуыды уыди ирд, æмæ хорз 69
хъомгæс фыдуаг стуры хъомæй лидзь!н куыд, нæ фæ- уадзы, афтæ мын мæ зæрдæйы нæ уагъта æцæгдзи- надæй лидзып. Æз лæууыдтæп бæласы бып æмæ дзæгъæлгаст кодтон рестораны дуарыл ауыгъд стыр гуыдырмæ. Мæ фæсонтыл цыдæр æр-бамбæлыд, тар- стæй фæстæмæ фæкастæн. Стыр сау куыдз мæ фез- мæлдимæ йæ раззаг дзæмбытæй мæ фæсонтæ бынмæ хафгæ æрцыди, иуварс агæпп кодта. Стæй фæстæмæ фездæхт, мæ цурмæ æрбазгъордта æмæ мын йæ раз- заг къæхтæ мæ риуыл авæрдта. Æз мæ къухтæ уацары бахауæгау сдардтон. Цнн мыл кæны, уый æмбæрстон, фæлæ дзы æдас дæр нæ уыдтæи. Уалынмæ рестораны ипнæ тигъæй æрбазынд ’йæ хицау — хъахъхъæпæг, зылыпдзаст ,зæроид лæг, даргъ ироп кæрц æмæ йыл кирзæ цырыхъхъытæ, йæ сæрыл нымæтхуд. Фæстæты хъуызæгау уæзбыи къах- дзæф’тæй æрбацыд, йæ даргъ лæдзæгæй батъæпп код- та йæ куыдзы тæн: — Цæугæ, цæугæ, Æрсой, уазæджы цы бакъуымы кодтай, æви дæ цинтæ хъуаг у. • Куыдз æвиппайды цæфæй фестъæлфыд, ’къис- къусгæнгæ иуварс алыгъд æмæ нæм уырдыгæй ’ йæ цæст дардта сæргуыбырæй, æцæг йæ къæдзил тилын нæ ныууагъта. — Лæгæй, куыдзæй æмхуызон стæм, чидæрид- дæр нæм æрбафты, нæ зæрдæ йын сæгъы къæдзи- лау — гом.' Зæронд лæг касти йæ .куыдзырдæм, фæлæ йып йæ æдзынæг цæстæнгас æнкъардтон мæхиуыл. — Де ’зæр хорз, Тазе.. * ! — Æтас цу... Æрфæн куы дæ. - — Уый дæн. I Тазе ноджы æдзынæгдæр ■ ныккасти йæ куыдзьт- рдæм. 90"
— Де ’мбæлттæ куы ацыдысты. Мацы бæллæх æрцæуæд... — Нæй бæллæх. — Дæ цæсгом тугæрхæмтæ. — Æцæг? — Хыл искæимæ фæдæ? — Дæлæ къулы фæкалдтæн. ,— А-А9— йæ сæр батылдта зæронд хъахъхъæнæг. Нæ мыл баууæндыд, уый хорз зыдтон. — Цæй, хæрзæхсæв. — Фæндараст... Дæ машинæ дæр дын нæ уынын. Æвиппайды куыдз йæ хъустæ фæхъил кодта, срæйдта æмæ азгъордта ’нæ цурæй. Фæндаг ’рестора- ны кæртæц кугай >нæзы бæлæсты æхсæнты хъæды къохмæ кæм бахизы, уым ,фæлæууыд. Иæ сæр бæр- зонд систа, ныхъхъуыста æхсæвы тармæ. Æмæ та йæ уæззау рæйдимæ кæмдæр томаргæнæгау размæ багæпп кодта. , — Цы "кæныс, Æрсой,— бахъæр æм кодта Тазе æмæ йæ цурмæ бараст. Куыдз, йæ фæдыл цæуæг ис, уый куы базыдта,« уæд фæныфсджындæр æмæ тынг- дæр срæйдта, фæлæ хъæдмæ арфдæр бацæуынмæ йæ ныфс нæ бахаста. Мæ зæрдыл æрбалæууыды’сты Гуйманы ныхæстæ: «Куыдз гадзрахатæй цæуын нæ зоны...» Ай-гъай, Æрсой йæ удæн кæй тæрсы, уый æмæ комдзог иу’ не сты. Ныртæккæ хъæды æгуып- пæг фæлмы йæ къæрцхъус зæрдæ, æмбудæнтæй цы бастæфт, уый дзы фылдæр æвзыгъддзинад нæ домы. Фæлæ йæ хицауæн истæмæй тас у, уæд балбирæгъ- тæй дæр иæ фæтæрсид... Нæ зопын, ацы хъуыдытæ мæм цæмæн æрцыдысты, фаздæ хæлæджы хуызæц цыдæр æнкъарæн фæзынди мæ зæрдæйы, уæзбын’ зæ- ронд лæг йæ куыдзы куыд сабыртæ кæны, уымæ кæсгæйæ. Уыцы лымæндзннады нывы цур ацы дуне- 91
йыл æз уыдтæн иунæг. Сау хъæды халонæй иунæг- дæр. Цæрæгойты æхсæн дæр, адæмы æхсæн дæр иу ахæм нæ разындзæн, мæ сæраппонд йæ уд чи суаел- дай кæннд... Æбæрæг æфхæрд æмæ зæрдæхудтæй стыхстæн. Æмæ æвиппайды мæхимидæг банкъард- тон хихъахъхгæнæн тых. Фæлæ, уый, уыцы цæрæго- йы инстинкт былтæ адауыны фаг дæр нæ уыди мæ хиуарзондзинадæн. Мæн.къуыди мастисæг хъару, лæ- бурæджы уæлахиз, мæхи рæстдзинадыл мæ чи бау- уæндын кæна. Фæлæ уыцы рæстдзинадæн йæ мидис цы уыди, уый уæд дзæбæх нæ хатыдтоп, гъе æрмæст мæ дæлзонд змæлыди, «донласт хуылыдзæй нал тæр- сы», зæгъгæ, уыцы æмбисонды æнгæс хъуыды æмæ йæ быцъына-т тыдта йæхн æддæмæ равдисынмæ. Зынгирвæзтыл донкалæгау ыл калдтон мæ уазал, уæнгсæттæг æнкъарæнтæ, фæлæ цырендæрæй • цы ссыгъд, æндæр хуысгæ нæ акодта. Æз йемæ нал тох кодтон. Æмæ йын цæрыны бар мæ уды, кæй радтон, уый мыздæн мын мæ уæнгты бауагъта >æгъуыстаг цин — сдæн та а зæххыл цæрæг. «Иуварс! — загътон Гуйманы æнкъард сурæтæн мæ сæнтты,— мæн нæ фæнды дæу хуызæн уæвын!» Æмæ æрцыди, æрцыди, æнæрцæугæ цæмæн нæ уы- ди, уый,.. Хъæды æдзæм фæлмæй аргъæутты æмбисонды рæ- сугъд чызгау^рацыди Кафетæ. Æрсой йæм йæ къæ- дзил тилгæ бауад, йæ раст, æнаипп ’зæнгтæм ын ба- смыста æмæ фæстæмæ фездæхт Таземæ, цыма йын афтæ зæгъинаг уыдис: . «Ацы адæймаг æцæгæйдæр Кафетæ у, мацæуыл гуырысхо’ кæн». — Мæнæ хæйрæджыты æхсæв! — йæ лæдзæджы фындзæй -зæхх æркъуырдта зæронд хъахъхъæнæг, \фæстæмæ мæм фæ-касти,— уый дын Æрфæн, ныр та ацы чызг.., Щ
— Тазе,— лæф-лæфгæнгæ загъта Кафетæ, бæрæг уыди, ардæм згъоргæ кæй фæкодта,— Тазе, бахатыр кæн... Нæхимæ мæ нæ бахæццæ кæнис? Зæронд лæг, цыма йæ цæстытыл не ’ууæнды, уый- ау æм æдзынæг ньжкаст. .— Æмæ дын Тым-был цы фæци? — Тымбыл... Йæ ’машинæ фæндагыл цыдæр код- та... Æз ардæм фæстæмæ раздæхтæн. Кæд уыдзæн уый, кæд æи срæвдз кæндзæн! — А-а,— йæ сæр батылдта , Тазе, йæ лæдзæджы сæрыл дыууæ къухæй æрæнцад,— мæ-гъа... куыд кæ- нæм. Бынатæн дæр ныууадзæп куы пæй, ’ дæу дæр хæдзармæ цæуын куы хъæуы... — Ууыл ма тыхс, Тазе,— загътои æз æмæ бæла- сы бынæй рацыдтæн. Мæ цæст ацахста: Кафетæ фс- стъæлфыд. Æвæццæгæн мæ ныропг нæ федта. — Æз æй ахæццæ кæндзынæн,— загътон, сæ цур- мæ куы бацыдтæн, уæд. Чыз^ мæм касти тарст цæс- тытæй. «Фæстæмæ ма ныббындз уæдхъæдмæ!» — ахъуыды кодтои æмæ ме ’ргом раздæхтон Таземæ. — Цæй, хæрзæхсæв,— йæ къух ып райстон. Йæ цурæй рацыдтæп æмæ æрлæууыдтæп Кафетæйы ком- коммæ. -■ — Цом. х. ^ — Ацу, мæ хур,— рæвдаугæ хъæлæсæй йæм сдзырдта Тазе дæр,— дæхæдæг уыныс, мæнæи азмæ- лæн ничердæм ис, æгайтма Æрфæн ам.фæцис. Æмæ Кафетæ сæргуыбырæй араст мæ фарсмæ. Лрвыл изæрдарты цы иугай. стъалытæ фæзынди, уы- дон дæр нику.ыцæйуал вындысты — мигъсæ бахгæдта. Цæсты къух фæтъысс — иæ йæ , фендзынæ. Æхсæ- вон хъæды æмдар фæлм байдзаг Æрæфы æиæ- пцой, æнæкæрон сабыр уынæрæй. Цыдыстæм æнæ- дзургæйæ. Æз æмбæрстон, Кафстæйæн йæ б’еерзонд- 93
зæвæт туфлиты зын цæуæн у хуырджын фæндагыл, хатгай-иу йæ къах фæрсмæ фæзылын дуртыл, фæцу- дыдта-иу, фæлæ, йæ дзыхæй хъыпп-сыпп нæ хауди. Исты дзурын бæргæ хъуыди ахæм æнæрай фæнда- гыл, фæлæ цы дзырдтаин, уымæн ницы зыдтои. Но- джы мæ фарсмæ, стæй ацафон, ахæм рæсугъд чызг кæй цæуы, уый мæ тыхсын кодта æнæмбæрст лазæм- хæццæ æхсызгондзинадæй. Мæхæдæг ыл мæхицæн нæ састæн, афтæмæй æихъæлмæ кастæн; æнæ ме ’ххуы- сæй, йæхæдæг йæхи ’гъдауæй чи ’рцæуа, ахæм дис- саг цæмæдæр. Мæ цæстытыл-иу ауад, Кафетæ мæ хъæбысы куыд февзæрд, æмæ-иу мæ буар æнахуыр дьгз-дыз бакодта. Афтæ тынг ,мæ фæндыд рæсугъд официанткæйы бæгънæг цонгмæ бавналын æмæ-иу мæ зонд адзæгъæл. Фæлæ мæхи уромын мæ мидтыхæй, мæ цæстытыл æппынæдзух уайы Гуйман. Цæмæн мæ хъуыди, мæ.къæдзилыл æй зæронд тæскъау цы ба- бастон? — Нæ тæрсыс? — -бафарстон æз. — Уæй! — тарст хъæлæсæй фæкодта чызг, ме- рдæм фæкаети.—’Дæмæй? ’’ — Мæнæй. Кафетæ бахудти: — Æмæ исты бирæгъ дæ? — Æмæ уæдæ, дæумæ гæсгæ, адæймаг хъуамæ бирæгъы йедтæмæ мацæмæй тæрса, нæ? Кафетæ мæм æрбакаст. Стæй йæ сæр бынмæ æр- ,уагъта. — Тæрсгæ та куыд нæ...— загъта "æрæджиау æмæ арф ныуулæфыд. Цыдыстæм та æнæдзургæйæ. , — Лфтæ мæ цæмæн бафарстай?—æрæджиау ба- кодта чызг. Æз бахудтæн. 94
. — Æхсæв, хъæд, æрыгон нæлгоймаг æмæ рæсугъд чызг.. Кафетæ дæр бахудти. — Æмæ ма-уыдоныл бафтау: æфсарм, памыс, æу- уæнк,— загъта уый. Æз мæ сæр батылдтон: - - — О. Æфтауын сыл. — Уæдæ дæ бынаты æз’уьщы ныхас нæ ракъах- таин. Сылгоймаг æнæбон ран куыч уа, уæд ын уый хъуамæ нæлгоймаг йæ цæстмæ мацыхуызы бадара. — Хатыр. — Æз æнæуый зæгъын... Æвæццæгæн, мæпмæ ба- уæпдын æнцои у... , ч — Цæмæн афтæ зæгъыс? — Официанткæйы чызг...— Кафстæ куыддæр фæ- къуыхцы,— фыд мын нæй... Мæ сæрыл чи сдзура? — Дæхæдæг! Кафетæ пицыуал загъта, æз æм’бæрстон, бирæ дзуринæгтæ йæм кæй( ис, фæлæ йæ^ ныфс кæй нæ хæссы мемæ зæрдæхæстæг ныхас ’кæнынмæ. Æз ба- фарстои: — Дæ фыд кæм ис? Кафетæ иу уысм хъусæй цыди мæ фарсмæ. Стæй æикъардæй загъта: — Ныууагъта нæ... Æз арф ныуулæфыдтæн. Фæлæ Кафетæйы йæ фыд кæй ныууагътй, уыцы хабарыл нæ уыд мæ улæфт — мæхи биноитæ æрбалæууыдысты мæ зæр- дыл. Искуы Ацæмæз дæр зæгъдзæн: «Нæ фыд нæ ныууагъта...» — Тынг хорз адæймаг у, тынг хорз,— райдыдтон мæхицæн дзурæгау æз.— Гуйманæй зæгъын. Уарзы дæ, тынг дæ уарзы. Сыгъдæгзæрдæ, зондджын. Æз 95.
æп мæ фоыдз æнгуЫлдзы хуЫзæП зопып, нумæ ахуыр кодтам. — Æз æм нæлгоймаджы æууæлтæй пицы уы- и’ын,— мæстыйæ загъта Кафетæ. — Рæдийыс... — Курын дæ, ’йæ кой мын ма кæн,— мæ ныхас мын цæхгæр фæлыг кодта чызг. — Ды, æвæццæгæн, æндæр искæй уарзыс. Кафетæ хъæрæй ныххудти. — Æнæмæнг искæй уарзын хъæуы? — Уæдæ? Дæ кары...— мæхæдæг дæр æй нæ бам- бæрстон, йæ цонгмæ йын куыд бавнæлдтон. Чызг иу- варс агæпп кодта æмæ «къутæрты смидæг. Æз йæ фæ- дыл бауадтæн, фæлæ уый пыхсыты фалдæр байгæрс- та. Æз æрлæууыдтæн. Æмбæрстон — иу - къахдзæф дæр ма куы окæнон, уæд фæстæмæ Таземæ ныббындз уыдзæн. Мæ маст рафыхт. — Ма тæрс!—фæхъæр ыл кодтон,— ме ’фсарм нырма мæхимæ ис. Цы рагæпп-багæпп кæныс, æви мын Тымбыл æнхъæл дæ? — Нæ,— тарст хъæлæсæй мæм’ дзуры . Кафетæ пыхсыты ’ астæуæй.— Æз зонын, ды хорз адæймаг дæ! , • . — Бузныг,—’мæ сæрæп пып акуывтон æмæ араст дæн;' Кафетæ дæр æрбахызт фа*ндагмæ, мæ фæдыл хъуызæгау ’цæуы.1 Сфæнд кодтоп мæхицæн: иунæг ныхас дæр мæ дзыхæй нал схаудзæн. Кафетæ мæ æрбаййæфта, фыццагау.та сæргуыбырæй цæуы мæ фарсмæ. Цыма мын мæ хъуыды фембæрста, æмæ мын мæ зæрдæ балхæнынмæ хъавы, уыйау мæм лæгъз х^æлæсæй дзуры: - — Бахатыр кæн... Æз цыдæр сдзурынмæ хъавыдтæн, фæлæ мæ зæр- дæ æвиппайды цъæхснаг рыст скодта æмæ мæ риуæй 96
сйр&æзт хъæрзынЬт хуызæн цыдæр, мыр: «Ы-ы». Мæ къух ауыгътон æмæ ныхъхъус дæп. — Цы кæиыс? — тарст хъæлæсæй мæ бафарста мæ фарсмæ цæуæг æпдæрг. — Ницьь Нæ фæндаг ныл ныддаргъ æнæдзургæйæ. Фæлæ æвиппайды хæрзхæстæгæй ферттывтой Рæзбыны рух- сытæ.' Хъæд фæцц æмæ нæ дыууæ дæр сæрибардæ- рæй сулæфыдыстæм. — Тым^былы кой цæмæн ракодтай? — бафарста мæ Кафетæ. — Уыцы хорз лæджы кой нæфæтчиаг у? — цы- ма рæсугъд чызг нæ, фæлæ Тымбыл йæхæдæг цæуы мæ фарсмæ; уыйау былысчъилæй бафарстон. Æгæр мæстыгæр’ уыди мæ ныхас. Фæфæсмон* кодтон.— Тым- былы кой цæмæн ракодтон, уый дæр дын зæгъдзы- иæн,— райдыдтон æз фæлмæндæрæй.— Йæ ног ма- шинæ талыиг хъæды астæу æвиппайды асаст., — О,— йæ сæр батылдта Кафетæ. — Æнаккаг! ’ * - - — Нæ ’хъæуы, æвзæр ныхæстæ ма кæ...— лæгъ- стæгæнæгау мæм сдзырдта Кафетæ. — Хорз,— загътон æз,— хъусгæ кæн. Йæ машинæ асаст æрмæстдæр уый тыххæй, ды йæ фарсмæ кæй бадтæ. Ракæн-бакæн кæны, дæгъæл иуырдæм фæзи- льт, иннæрдæм — мотор нæ кусы. Афтæ уыди? — Нæ хъæуы...— сæргуыбырæй мæ-фарсмæ цæуы Кафетæ. — Стæй дыл йæхи ныццавта... — Нæ хъæуы уыдæттыл дзурын... — Ды машинæйæ рагæпп ластай æмæ — лидз- гæ... — Курын дæ, мацыуал дзур уый тыххæй. — Хорз,—загътон æз. 7 ГуПмаи 97
Хъæумæ бахæццæ стæм. Кафетæ æрлæууыд кæ- ройнаг хæдзары чысыл кæрты кулдуармæ. — Æрбахæццæ стæм,— загъта чызг,— мах хъæу- гæрон æмæ хъæдгæрон цæрæм. — Рухс уæ нæ кæлы,— мæ сæрæй рудзгуытæм ацамыдтон,— æвæццæгæн, уæхимæ ничи ис. Цыма йыл уыцы ныхасæй исты фыдгæнд æрдау кодтон, æмæ æнаххос кæй у, "ууыл мæ баууæндын кæнынмæ хъавы, уыйау мын йæ, армытъæпæн мæ тæккæ цæстыты цур бындзсурæгау батылдта: — Нæ! Нæ1 — фæкодта уый,— мæ мад нæхимæ ис. Æвæццæгæн, бафынæй.— Стæй йæ ныхасыл са- бырдæрæй бафтыдта: — Рынчын у æмæ мæ йæ бæс- ты куыстмæ арвыста.- Нæ йын куымдтон... Фæтæри- гъæд ын кодтон... Æз фæгуырысхо дæн — æгæр тарстхуызæй мæ æу- уæндын кодта, хæдзары иунæгæй кæй нæ уыдзæн, ууыл. Стæй талынг рудзгуыты æвгты сау æрттывд дæр гадзрахат æвдисæнау чызджы багæды кæныныл ^ нæ ауæрста: ,цавæр æнхъæлмæкæсæг мад ахуыссын кæндзæи цырагъ йæ иунæг чызджы æрцыдмæ, уæл- дайдæр ацафон æмæ хъæдгæрон? Уымæн уæвæн нæ уыд. Фæлæ та мæ цæстытыл ауад Гуйманы фæлурс сурæт — æвæццæгæн ын æрдзæй фæдзæхст у, цæмæй мæ хъахъхъæна рæдыд къахдзæфæй. — Хæрзæхсæв,— загътон æз æмæ рацыдтæн Ка- фетæйы цурæй. Цалдæр къахдзæфы куы акодтон, уæд æрцыди, мæ мид-зæрды афтæ тынг кæмæ æн- хъæлмæ кастæн, фæлæ баууæндæн кæуыл нæ уыди, уыцы диссаг: Кафетæ мæм æргомæй сидти йæхимæ! 0! Уый радзырдта мæ фæдыл: — Æрфæн, раздæх фæстæмæ! I Æмæ æз раздæхтæн. 1 — Уæхимæ афтæмæй ма бацу, — сывæллонмæ 98
дзурæгау мæм рæвдаугæ дзуры, æмæ кæд йæ хъæ- лæс æнкъард у, уæддæр дзы æз хатын зæрдæхæстæг узæлд, ’лæджы буц æмæ ныфсджыи чи кæны,— бн- нонты фæтæрсын кæндзынæ. Æз бафæрсынмæ хъавыдтæи, «афтæмæй» цы хо- ныс, зæгъгæ, фæлæ мыл æваст мæ цæсгомы цъæррæ- мыхстытæ сдудыдтой, æмæ та мæ зæрдыл æрбалæу- уыд, Дзи’бис мын мæ сæры царм куыд фæцæйстыгъ- та, уый. — Мидæмæ*нæм рацу. Дæ цæфтæ дын марганец донæй æрæхсын ’ хъæуы. Стрептоцид дæр нæм ис. Марганец... стрептоцид... Куыд мæ, æрбайрох, Ка- фетæ дохтыр кæй у. Кулдуары дуар байгом кодта æмæ кæртмæ бацыди. Æз дæр йæ фæдыл бахызтæп. Тыргъты къæпхæнтæм куы бахæццæ стæм, уæд мæм Кафетæ фæстæмæ ракаст, йе ’нгуылдз йæ былтыл авæрдта: — С-с! Мамæ райхъал уыдзæн... Æз мæ къахфындзтыл схызтæн даргъ нарæг къæ- лидормæ мæ фысымы’фæстæ. Кафетæ, дыууæ дуарæй уынджырдæм хæстæгдæр чи уыди, уымæ йæ сæрæй ацамыдта: — Мамæ мæнæ ам хуыссы. Иннæ уаты дуар байгом кодта дæгъæлæй æмæ ба- хызт къæсæрæй. Æз — йæ фæдыл. Кафетæ йæхи бал- хъывта къулмæ—фæндаг мын радта мидæмæ. Иæ- хæдæг йæ армытъæпæн рахаф-бахаф кодта къулыл. Фæцыд къæпп æмæ цырагъ ссыгъди. Кафетæ дуар сабыргай бахгæдта. Уатыл мæ цæст ахастон — хæрз- æфснайд, цыппæрдигъон, æгæр бирæ дзаума дзы æвæрд, æмæ шы уыди, уымæр «ъаддаер зыдди. — Сбад,— сдзырдта Кафетæ æмæ стъолы цур æвæрд бандон чысыл банкъуысын кодта. Р1æхæдæг бацыд окъапмæ, цыдæр дзы райста.æмæ йæ къах- 99
фыидзтыл хъуызгæ рацыд уатæй. Цалдæр минуты фæстæ; æрбаздæхт — йæ иу къухы саусырх т&игъæ- дæй дзаг агуывзæ, иннæйы — бæмбæг. Уыдон мын мæ цуры стъолыл æрæвæрдта æмæ та фæстæмæ фæ- зылд. Ацы хатт æрбахаста чысыл тас æмæ цайдан. Йæ уæхскыл стыр фæлмæн’ къухмæрзæн æппæрст, æвæццæгæн дзы йæхи ничима ныесæр^фта. — Дæхи хъарм донæй ныхс,— загъта фысым æмæ мын’ мæ къæхтæм æрæвæрдта цинкæ тас, йæхæдæг мæ уæлхъус йæхи æрцæттæ кодта цайданæй дон æр- кæнынмæ. Æз ын æнæуæлдайныхасæй сæххæст код- тон йæ фæндон: мæ армытъæпæнтæ къусгондæй ба- дардтон цайданы’ къæлæт фындзмæ. \Мæ цæсгомыл хъарм дон куы, скалдтон, уæд *мæ цæфтæ ногæй сду- -дыдтой, æмæ та мæ цæстытыл • ауад хылы хъылма пыв. * ’ — Бузныг,— загътон- Кафетæйæн, мæхи къухмæр- зæнæй куы ныссæрфтон, уæд. Цыма мып дзæвгар фенцондæр, афтæ мæм фæкаст... Кафетæ мын æвип- паиды йæ галиу къухы амонæн æнгуылдзæй -мæ ро- цъойыл хæрдмæ схæцыд. Иннæ^ къухæй бæмбæг агуывзæйы атылдта æмæ дзы хъавгæ мæ цæсгомы цъæррæмыхстытæ баудæста. ’ Стæи бæмбæг тасмæ ныппæрста. -; — Цалынмæ уæхпмæ цæуай, уæдмæ бæрæг ’ дæр нал уыдзысты,— загъта ь Кафетæ. Æз •, æ’м хæрдмæ скастæн, æмæ фемдзаст стæм. Фæхудтй мæм, стæй мып мæ къа^хты бьшæй тас лæбурæгау раскъæфта æмæ феддс. Ю^æсæрæп куы ’рбахызт, уæд мæм хæс- тæг пал æрбацыд, дуарыл пæ фæсонтæ сбыцæу код- та æмæ мæм æдзыиæг касти. Стæй йæ сæр æр- уагъта. 1 — Бахатыр кæп, Æрфтн,— къæмдзæстыгхуыз’æй 100
загъта,— дæхæдæг æмбарыс... Æнафон у... Уазæджы тæрæи фæтк нæн, фæлæ... Æз сыстадтæн. — Хорз. Цæуын.Æцæг кæдæм, уымæн ницы зоиын. Цæмæн схауд уыцы ныхас мæ дзыхæй? Цæмæй •мын Кафетæ фæтæригъæд кæыа, æмæ йемæ иу у’аты баззайон? Хин? Нæ. Æцæгæйдæр уыцы мæйдар æн- тъыснæг, æнæдымгæ сæрдыгон æхсæв мæхи цы фæ- кодтаин, уый,нæ зыдтон. Мæ къах мæ нæхимæ Заре- тæйы цурмæ нал хаста... ’ ’ - Кафетæ*сабыргай йæ сæр хæрдмæ систа, йæ фæл- мæн былтæ кæрæдзийæ зына-нæзына фæхицæн сты. Дисгæнгæ мæм ка’сти йе стыр цæстытæй: — Цы дыл æрцыди, Æрфæн? — Кафетæ...— загътон æмæ банцадтæн. Цыдæр уæз мæ æлхъывта зæхмæ, ,мæ сæр мæ риумæ æр- ’хауд. О, уыцы изæр æвзонг чызджы цур лæууыдтæн сæргуыбырæй. Æмæ,мæ лæмæгъдзинадæй мæхæдæг фефсæрмы дæн. Фæцарæхстæн: тынгдæр æргуыбыр кодтон, мæ зæнджы рагъ аныхтон. Стæй æфсæддо- нау мæхи сраст кодтон, схъæлæй ныккастæн мæ рæ- сугъд фысыммæ. Уый дæр мæм касти,- касти джих _æмæ тарстæй.— Афтæ, Кафетæ,— сдзырдтон æмæ мæ хъæлæсы дзаг ныххудтæн. Кафетæ фестъæлфыд, йæ фæсонтæ тынгдæр балхъывта дуармæ, цыма йыл æд- дæрдыгæй исчи æрбахæцыд. Æмбæрстон, тæрсын мæ райдыдта.— Вæййы афтæ, Кафетæ, ды нырма ’сы- вæллон дæ, æмæ бирæ: цыдæртæ пæ зоныс. Лæг цæ- уы, цæуы, æмæ æвиппайды амæлы. О, цæргæ-цæрын амæлы. Кафетæйы къух æрæнцад дуары хæцæныл — йæ- хч æрцæттæ кодта лидзынмæ. Иæ цæстытæ æвирхъау тасæй æрттивынц. Цымæ ма цавæр тыхæй уромы пæхп, ца мæй ма ныхъхъæр кæна? Æхсæв æрра Лæ- 101
гимæ мæхæдæг дæр и’унæгæй иу уаты нæ бауæндин. Уый та æвзонг чызг куы у. — Рынчын дæ, Æрфæн? — ризгæ ’хъæлæсæй дзу- ры Кафетæ дуаргæронæй. Æмæ цыма йæхи фарстæн дзуапп дæтты, уыйау йæ сæр тилы: «Ды рынчын дæ»п «Ды рынчын дæ»... — Рынчын нæ дæн, мард дæн,— загътон æз æмæ^ та худын. — Æз тæрсгæ кæнын, Æрфæи! Ма кæи...— Ка-- фетæйы бæзджын былтæ фесты ноджы бæзджындæр,., дыма æнæхъыпп-сыппæй кæуы, уыйау ын, змæлынц.. ,Уазалриз ыл бахæцыд. Æз ын фæтæригъæд кодтон. Сбадтæн — афтæмæй йæхи æдасдæрæй æнкъардзæн. — Психиатр! — фидисгæнæгау сдзырдтон æмæ мæ къух ауыгътон. Мæ рæмбыныкъæдз стъолы тигъмæ сбы- цæу ко’дтон, ’мæ армытъæпæныл мæ сæр’ фæрсмæ æр- уагътон æмæ йæм æдзынæ.г кæсын.— Лфтæ æнхъæ- лыс, æмæ мæ зоид фæцыдис? Нæ, ма тæрс. Æз æн- дæр цæйдæр кой кæныи. ^Вæййы афтæ, æмæ лæг иу бон йæхи мардæй ссары. Йæхæдæг йæхи. Уый ды нæ бамбардзынæ, дæуæн дæ уд сыгъдæг у, æмæ йæ сыгъдæгдзинадæй йæхи удæгасæй амæлыи нæ ба- уадздзæн. Фæлæ æцæгæйдæр æз мард дæн. 1<æс-маг ахуыргонд лæгæн æвиппайды йæ хуылфæй йæ^ахуыр- гонддзиад фелвас, уæд ма цы уыдзæн? Къодах. Мард. Кæнæ музыкантæн æыæнхъæлæджы йæ кур- диат æрбайсæфт — цы ма дзы аззайдзæн? Цæргæ- цæрьш ( мард чи у, ахæм буар. Гъе афтæ æз дæр. Фæцънпп мыи ластой мæ сыгъдæгдзннад мæ зæр- дæйæ, мæ бæллицтæ, мæ намыс. Кæсгæ-кæсын!.. Мæ уарзондзинад. Æмæ ма чи дæн ныртæккæ æз? Дæ хæдзары бады кæддæры Цæронты Æрфæны мард. ^Каф’етæйæн йæ былтыл зыр-зыр кодтой йæ æн- гуылдзтæ. 102
— Цы дыл æрцыд? — йæ кæуын тыххæйты уром- гæйæ та бафарста уый. — Цы мыл æрцыди? — йæ фарстæн ын фарстæй дзуапп радтоп æз,— ницы, æрмæст кæдæм^ фæцæуон^ уый мыи нæй. ^ ’ — Уæхимæ. — Нæ. — Цæуылнæ? ^— Дзырдтæ «уæхимæ», «нæхимæ», «хæдзар» мæ- нæн тутт æхсæртæй ’ хъауджыдæр не > сты. Сæ апп сæхимидæг кæмæн бамбийы, ахæм тутт æхсæртæ. — Æнхъæлмæ дæм кæсынц. — Чи? — Дæ бинонтæ. — Мардæн бинонтæ нал вæййы. — Афтæ ма дзур. — Хорз. Сыстадтæн. Дуармæ бараст дæн. Кафетæ йæхи къуыммæ байста. — Хæрзæхсæв! —х ^æлæуу! Æрлæууыдтæн уаты астæу. Кафетæ мæ рæзты сынтæгмæ бауад; йæ æмбæрзæн ын фелвæста, стъол- мæ йæ баппæрста. — Ам баззай... Æцæг райсом сæумæцъæхæй... Мамæ дæ куыд нæ базона, афтæ...— загъта æмæ федде. Цырагъ æрхуыссын кодтон, æд дзаумæттæ мæхи сынтæгыл бауагътон. Цæй фыпæй æм’æ цæй æндæр. Зыдтон, Кафетæ хуыссы иннæ уаты иунæгæй. Уыд- тон æй мæ сæнтты æхсæвдарæн тæнæг хæдоны. Гуйманы никуы бауарздзæн. Гуйманы никуы уы- дзæн. * Ацы хъуыды мæ удхарæй мардта — стыр хæзна 103
рамбулæджы цин мæм æвзæрын кодта, æмæ уый тыххæй мæхи æфхæрдтон. Фæлге мæ бон нæ уыди уыцы хъизæмайраг æхсызгондзинад мæхнцæй фæтгс- рын. Цы мыл æрцыдис, уый дзгсбæх иæма хатыдтоп, фæлæ мæ мæ сæнттæ здæхтой фæстæмæ лæппуйы бонтæм, æмæ мын ме ’взонгдзинад цыдæрхуызы бас- той Кафетæйыл, цыма уыцы дард рæстæг ацы знæт æхсæвæй байсынмæ хъавы, цух цæмæй уыди æмæ æз кæй нæссардтон, уый. Фæлæ рæстæджы æгъуыстаг фæтк басæттын нæу сæнтты бои дæр. Къахырæй’дзы чи.ацыд ивгъуыды тармæ, уый фæд-фæдмæ дæр баз- зайдзæн къахырæй. Æрдæгуалыйæ баззайдз-æп ме ’взонгдзинад дæр — æнæ Кафетæйæ йын æххæст уæ- вæн нæ уыдис! Æмæ æз æвиппайды бамбæрстон: никуы уарзтон "Заретæйы. Ацы хъуыдыйæ мæ уд куыддæр æрсабыр, цыма мæ ныронг хъизæмарæй чи мардта, уыцы æлхынцъ хæлд æрцыдй. Ныр зыдтон, цы гæнгæ мын у, уый; Фыццаджыдæр цæуын хъæ- у’ы ардыгæй. Адæмы цæст уынаг у — æназым чызгыл мæн тыххæй къæм цæмæн абада? Дзæгъæл куыдзау æнæнысанæй цæудзынæн. Кæдæм? Уæлдай нæу. Мæ къахфындзтыл къæлидормæ рацыдтæн. Æр- лæууыдтæн иннæ уаты дуары цур. Байхъуыстон ми- дæмæ — хъыпп-сыпп нæ .цæуы. Æвæццæгæн, бафы- нæй. Рацæйцыдтæн, фæлæ æваст райхъуыст сынтæ- джы зиæт хъыс-хъыс. Фæлмæн къахдзæфтæ... Æз зо- нын — бæгъæввадæй, афтид æхсæвдарæн хæдоны Ка- фетæ лæууы дуаргæрон. Мæхинымæр ын зæгъын «хæрзбон». Хæрзбон. Иикуы ничи базондзæн, æз ар- 1 дыгæй цы зæрдæйæ цæуын. Никуы ничи базондзæн, æз дæу куыд уарзын... ^ Уыцы ’хсæв... Уыцы ’хсæв... Æвиппайды мæ сæрыхъуынтæ арц сбадтысты, Цавддур фестадтæн. Æрмæст ма æнкъардтон, мæ 104
зæнгты хæцъæфтæ уазалæй скъуийыны оиг пвæзт те- леграфы телтау куыд дыз-дыз кæнынц. Мидæгæй райхъуыст нæлгоймаджы дзурын! — Æз цæуон,— дзуры нæлгоймаг. — Чысыл багæдзæ кæн, æххæст дзæбæх бафынæй уа чызг,— хъуысы сылгоймаджы ныллæг хъæлæс. Разитæ. Мæ тæккæ фæскъæбут райхъуыст уасæджы уаст. Æз фестъæлфыдтæн, фæстæмæ фæкастæн, фæлæ ни- цы федтон, къæлидоры схизæны дыууæ дæджындзы йедтæмæ. Мæ къахфындзтыл хъуызгæ рацыдтæн кæртмæ. Æмæ та фестъæлфыдтæн: «Хъи-хъри-хъу- у!» Кæрты’’къуммы цæхæрадонырдыгæй ауыдтон ши- ферæй æмбæрзфт ныллæг кæркдон. Уасæг, дам, æгæр раджы куы уаса, уæд уый фыдбылызы нысан у. Уый кæддæр мæ мадæй фехъуыстон. Кæртæй уынгмæ >куыд рахызтæн, афтæ лæугæ баз- задтæн.. Мæ цæстытыл ауад цыдæр урс тæпп. Уып фæзынди хæдзары иннæ тигъыл æмæ æваст æрбай- сæфт. Мæ зæрдæ фæкъæпп кодта — Кафетæ! Рудз- гуыты бынты бацыдтæн, урс æндæрг кæцæй фæзынд, уыцырдæм. Æмæ йæ федтон. Хæдзары фæстæ ныл- лæг.тута бæласы зæнг йæ хъæбысы ныккодта æмæ куыдта, сабыр хæкъуырццæй. Æз æнæдзургæйæ мæ( пинджак раластон æмæ йын æй йæ уæхсчытыл хъав- гæ æркодтон — бонивайæнты уазал ирдгæ дымдта Æрæфæй. ^Æндæр ын мæ ’бон (баххуыс кæнын ницæ- мæй уыди. Рацыдтæн йæ цурæй æмæ йæм фæстæмæ дæр нал фæкастæн. Кæм дæ ныр, Кафетæ? . Æз дæ мæ хъæбысы фæхастаин суанг арвы кæ- ронмæ дæр, бахъахъхъæдтаин дын де ’ууæнк. Фæлæ уæд мæхиуыл дæр хуыздæр бон нæ уыди. Дæу зæх- 105
хæй сисын хъуыди æрмæстдæр сыгъдæг къухтæй. Æз дæр куыдтон дæуау, фæлæ фæстæмæ нал раздæхтæн: цыдтæн райкомы секретарь Зæнгионы фыртмæ. ГУЙМАН: Хъæу... Диссаг нæу, мæ фыпты æппыпæдзух мæ- хи хъæуы фенын, горæты — никуы... Афтæмæй та мæ царды фылдæр хай горæты арвыстон. Ома, хъæуыл æрхуын кодтон, мæ бон æнæ уый цæрын нæ уыди,— иæ. Æрфæн куы нæ уыдаид, горæты базæронд уы- даин, мæлгæ дæр, чи зоны,—уым.,Фæлæ фынтæ мæп нæ фарстой, алы æхсæв дæр мæ хуыдтой мæ фыдыфсы- мæры ныллæгцар хæдзармæ. Æмæ дыууæ дихы фæ- дæн: бон цардтæн горæты, æхсæв — хъæуы. Цы мæ здæхта фæстæмæ уырдæм, цæмæн? Цы дзы ферох кодтоп, цы дзы баззад мæнæй, йе цы ахастон ме- мæ?.. Цыфæнды уæд, фæлæ мæ йæдæлбазыр дардта мæ сабидуг. Лæджы цард, мæнмæ гæсгæ, æртæ къа- базыл лæууы: Мысын—Хъуыддаг—Бæллиц. Мыси- нæгтæ стыивгъуыд бонты туг æмæ стæг, бпра^ цæ- мæйдæрты свæййынц - фынты хуызæн. Хъуыддаг — уый у Ныр, лæджы змæлын чи кæны, Бæллиц та у арвгæроны хуызæы: цæуыс æм, цæуыс, фæлæ дæуæй уый æхсæн цы дæрддзæг ис, уый къаддæр’ нæ кæны. Æвæццæгæн, лæг ’йæ сæнтты цæмæ фæбæллы,,уый йæхæдæг нæу сæйрагдæр, ’ фæлæ кæй бæллы, уый у йæ царды æртæ къабазæй иу. Ивгъуыд бонтæ мæм кæсынц гуыр-гуыргæнгæ арты хуызæн: минуттæ, са- хæттæ, бонтæ, афæдзтæ дзы судзынц хъæмпыхæлт- тау, къæцæлтау, суджы стыр лыгтау—фæнык феста- дысты, сæ æртхутæг сын фæхаста дымгæ, фæлæ уæддæр цæргæ баззадысты, сæ цæхæры чи сыгъди, ууыл цы фæдтæ ныууагътой, уым. 106
Чи сæ у сæйрагдæр уыцы æртæ къабазæй? Сæ ну нал* пс — пал пс цард. Фæлæ сæ чи у уæддæр -сæйрагдæр? Иутæп Хъуыддаг у ахсджиагдæр, иннæ- тæн — Бæллиц... Цалынмæ хъæуы кусын нæ райдыд- тон, уæдмæ мæм афтæ касти, цыма мьГсинæгтæ сты мæ царды ахъаззагдæр уидаг. Æвæццæгæн, мæ фын- ты хъæу уыи тыххæй уыдтон. Цыма ме, ’ргом размæ, цы уыдзæн, уымæ нæ, фæлæ фæстæмæ, ивгъуыд бон- тæм здæхт уыди... Æмæ уый мæ удыхъæдыл йæ джипп нывæрдта: уыдтæн мадзура, лымæнтæ мын нæ уыди Æрфæнæй фæстæмæ/’нæ кафедрæйы кусджы- тæ мæ никуы хуыдтбй-хёйæ куывдтæ æмæ абадты- тæм, хъæлдзæг балцытæ æмæ æндæр ахæм хъуы’ддæг- ты. Сæхи мемæ дардтой уæздан, цæстуарзон... Фæ- саууондаæ мыл худгæ кæй кодтой, уый дæр æмбæрс- тои, фæлæ сæм мæсты иæ кодтои, цыбырдзырдæй, никæй хъыгдардтоп, æмæ мæ нпчи хъыгдардта. Æмæ ахæм цардæй хуыздæр ницæмæ бæллыдтæн. Студент- тæ мæ уарзтой æви нæ, уымæн абон дæр ницы зо- нын. Практикон ахуырты мемæ сæ фæндон сæхи бар уыд. Мæ сахæтты-иу сæ риуыдзаг сулæфыдысты, цы- ма ахæстонæй раирвæзтысты. Ног студенттæн-иу мæ фыццаг ныхас уый уыди: «Стыр конкурс вæййы нæ факультетмæ — уал лæджы иу бынатмæ (фондз, æх- сæз, иуаз фарастмæ дæр схызти уыцы нымæц). Сы- мах фæуæлахиз’стут, сымах, уæдæ, стут тæккæ дæс- ныдæр, тæккæ аккагдæр аккагдæрты æхсæн. Зыдтат, кæдæм æмæ цæмæн цæут, уый, уыдис уæм бæллиц, ныфс, . цæттæдзииад. Сывæллæттæ нал стут, æмæ >мæнмæ диосаг кæсид, хъæддаг "адæмау уæ исчи тых- хæй куы ахуыр кæнын кæнид. Уымæ гæсгæ æз иуæн дæр нæ зæгъдзынæп: «Цæуылнæ ахуыр кæныс?» Кæй фæнды, уый цæуæд, кæй нæ фæнды — ма цæ- уæд. Фæлæ зачеттæ дæттæн бон сымахæй дæр ку- 107
рын: мачи мæ рахъаст кæнæд... Афтæмæй райдайæм кусыи...» Иуахæмы мæм декаи фæдзырдта. «Гуйман,— зæгъгæ, рандыдта,— зоныс æй, дыууæ мæйы .размæ, æз уыдтæн Мæскуыйы, нæ бæстæйы хъæууонхæдзарадон институтты деканаттæ æмæ ка- федрæты разамопджыты ссминарты. Куыд дæм кæ- сы: æгьдау уьтдаид ахæм авторитетон форумы æви нæ?» «Уыдаид», зæгъып. «Уæдæ фæрæдыдтæ,—йæ сæр гуызавæгæнгæ тилы декан,— фæрæд’ыдтæ. Фыц- цаг бон семинармæ æрцыдыстæм, не ’ппæт дæр, дык- каг’бон фæкъаддæр стæм, æртыккаг бон та æмби- сæй фылдæр нал уыдыстæм. ’Фæлæ нæм нæ семи- нарты разамонджытæ дзæбæх куы бартхъирæптæ кодтой, уæд та цæуын райдыдтам не ’ппæт дæр. Уый мах, уæлдæр скъолаты разамонджытæ! Ды та сывæл- лæтты сæхи бар ауагътай. Нæ бæззы дæ метод!» «Омæ,— зæгъын,— семинартæм тыххæй тæрын кæй хъуыди, уыдон дзы цы пайда райстой, сæ уæвынæй се ’нæуæвын хуыздæр уыди». «Нæ, рæдийыс, ауди- торийы уæвгæйæ бар-æнæбары дæр хъуыстой, хъу- сын сæцæмæ хъуыди, - уьимæ. ’Адæймагæп йæ зон- дыл зæрдæдарæн кæй иæй, уый тыххæй æрхъуыды кодтой æгъдау. Мæнæ, зæгъæм, Бырцæгты 'Л’лик... Цал хатты фæцух кодта дæ ахуыртæй?» «Бирæ». «Гъемæ дын мæнæ йæ пайда: æртыккаг хатт дæм бацыди зачет дæтт’ынмæ». «Мауал мæм æрбацæуæд, зачет ын ,нæ нывæрдзынæн». «Цæуылнæ?» «Нæ йæ фæнды ахуыр кæнын». «Ахуыргæнæг уымæн у, цæ- мæй дома». «Цæстфæливæнæн цы кæна, уый дзы цæмæн домон. Агроном дзы никуы рауайдзæи, ра- уайа дзы, ууыл дæр нæ тыхсы, искуы йæ рæстæг сафын хъæуы, æмæ ам дæр уымæ?{ ис». «Чи зоны, ды раст дæ, фæлæ йын зачет нывæрын хъæуы. Ды •хбрз зоныс, йæ фыд чи у, стæй нæ рёкторы дæр æнæ- 108
йоигæ иæ дæ». «Зонын сæ дыууæйы дæр». «Уæдæ а.цу æмæ йæм фæсид, бауайдзæф ын кæн, хыл дæр фæу йемæ, фæлæ зачст ньтвæр. Стæй <ардыгæй фæс- тæмæ журналы бæрæг кæн, цухтæ чи ’кæны, уыдон». «Хорз,— загътон æз,— журналы бæрæг кæыдзынæн, чи нæ цæуа, уыдон, фæлæ Бырцæджы фыртæн нæ бахатыр кæндзынæн». Декан’— къæдзæхыйас лæг, Софоклы хуызæн мæм касти, йæ цæсгомы æвæрд æмæ йæ уылæнæвæрд раст ныхыл бынмæ фаст бæзджын сæрыхъуынтæй — сыс- тад, йе стъолы лагъз раласта, сигаретты къопп дзы райста. ’ , — Мæ дымын ныууадзынмæ хъавын,^фæлæ сы- махимæ...— ссыгъта йæ сигарет, адджынæн æй сæл- вæста.— Нæ тæрсыс, ’дæ куыстмæ дын исчи лæмбы- нæг куы æркæса, уымæй? Дæхи ахуыртæм хорз ба- цæттæ кæпыс, зоныс дæ предмет, фæлæ уый дæхи цæмæй бахъахъхъæнай, ахæм уарт нæма у. Юрист загъта: «Лæг мын æриут, аххос мæхæдæг ссардзы- иæп!» Нæ, афтæ ма фенхъæл, æмæ дæ тæрсын «æ- иын. Æз мæхæдæг дæр æлгъ кæнын ахæм хъуыддæг- тыл. Фæлæ мæ уæле дæр чидæр лæууы. Цæмæн нæ хъæуы уыцы хъаугъа?, Гъемæ хорз, нæ дæ фæнды, ма йын нывæр.» Де ’фсармы цур сыгъдæг уыдзынæ. Æрмæст иу-дыууæ боны куыстмæ ма ’рбацу — фæ- рынчын дæ. Æз дæ, миййаг, гæххæтт нæ домдзынæн. Бырцæджы фырты та æндæр искæмæ барвитдзынæн. Баныхас кодтам. Барабан хостæуыд. Мæ’ зæрдæ. Комдзогæй мыл рацæуы алыхатт. Кастæн деканмæ. Уый сбадти, цы- дæр гæххæтты тигъыл ма сырх кърандасæй цыдæр- тæ фыста. Æз загътон: — Нæ баныхас кодтам. Рынчын кæнынмæ дæр нæ хъавын. л’ 109
1 Декан йæ сæр хæрдмæ нæ сйста, фæлæ мæм йаё цæстытæ сзылдта: — Цавæр æнахъшюн лæг дæ? ’— йæ мидбылты худы.— Ацу, искуы дæ уæнгтæ айваз. Пъæззы дыл ныббадти. Нуазгæ нæ кæныс, тамако нæ дымыс, сыл- тæм æмгæрон нæ цæуыс... Царды куыст йедтæмæ ни- цы ис? Ацу, ус ракур. — Бырцæджы фыртæн зачет исчи куы нывæра, уæд æз хъаст ныффысдзынæн. — Дæ аххосæй æртæ студенты институтæй фæ- тахтысты. Æгъгъæд нæу? — Мæ аххосæй нæ, фæлæ сæхи аххосæй. — Хорз. Уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй рахызтæн инсти- туты къæсæрæй. Æмæ мæм фæдзырдта Æрфæн. Куыд æхсызгон мын уыди йæ фенд! Æнæрастдзипады цъаммар æнкъарæнæй мæ зæрдæ фæрчытæ куы хауд- та, мæхи цы фæкæнон, уый куы нæ зыдтон, уæд мæм ирвæзынгæнæгау фæзынди мæ иунæг æрдхорд! Уыр- пæг лæг дæн, зæгъгæ,— хуыцауы æрвыст лæг æй фæхуыдтаин. Мæ дæрдджын палтомæ æркастæн æмæ мæхиуыл æрхудтæн: æмбыд интеллигент! Хæлæггæн- гæ кастæн Æрфæны рæсугъд, æдыхст цæсгоммæ — æрбакалд мыл æндæр царды улæфт,— æрдз—адæй- маг—фæллой — ацы хæрзхуымæтæг формулæйы йæ æнæниз цин, йæ раст ахастдзинæдтæ чи бавæрдта, уыцы царды сыгъдæг улæфт. Мæ цæстытыл ауад мæ фыдыфсымæры ныллæг хæдзар, йæ ЧТЗ, фысдзарм кæрцы тæф мæм фæкасти йæ хурсыгъд буары тæф. Æз лыгъдтæн ииститутæй зæрдæсастæй мæ пластин- кæтæм—«<Аве-Мария», Равелы «Балеро», зындгонд за- рæггæнджытй хъæлæстæм — уыдон мын мæ з!æрдæ куыддæр æрсабыр кæнынц мæ тыхсты сахат. Фæлæ мæ æндагыл лæууыд æндæр музыкæ — быдыры тæф — ? 110
уæззау кæрц æмæ\гуырымыхъхъ цырыхъхъыты. Æм^ уæд æвиппайды бамбæрстон, мæ фынты æппынæдзух мæ’фыдыфсымæры кыллæг’ хæдзар цæмæн фæуынын, уый. Æрцыди цардивæн — Æрфæн мæхуыдта хъæу- мæ кусынмæ. Дыккаг бон курдиат балæвæрдтон рек- тормæ, уый йыл мæхи цур æнæхъыпп-сыппæй йæ къух бафыста. «Фæндараст» дæр мын нæ загъта, æз дæр ын «хæрзбон» нæ загътон, афтæмæй рацыдтæн. Æрфæн мæм йæхæдæг йæ зæронд «газикыл» ссыди, бавæрдтам дзы мæ муда — пластинкæтæ æмæ чин- гуытæй дзаг дыууæ ’чумæданы æмæ цалдæр хызыны. Фатеры кæмæ цардтæн, уыцы мадзура зæронд ус скуыдта, æз машинæмæ куы фæцæйхызтæн, уæд. Фæ- стæмæ йæм фездæхтæн, йæ къух ма йын иу хатт райстон. Ахæм зæрдæ мæм дары, уый æихъæл никуы уыдтæн... Ууыл фæци мæ горæтаг |цард. Фыццаг хатт мæ Æрфæн хъæумæ куы ’рласта, уæд мæ рестораны смидæг кодта. Деканимæ нæм цы ныхас рауад, уый Æрфæнæи не схъæр кодтон, нæ мæ фæндыд нæ- фембæлды цин чысыл йстæмæй фæкъа- хырч кæнын. Æмбæлттæй кæддæриддæр иу вæййы раздзæуæг. Р1нституты ма куы ахуыр кодтам, уæддæр дыууæ никуы загътон Æрфæны фæндопыл, кæд-иу иуæй-иу хатт мæ мид-зæрды йемæ разы нæ уыдтæн, уæддæр. Уыцы бон дæр ын уыдтæн коммæгæс, кæ- дæмфæнды дæр „мын куы загътаид — сразы уыдаин. Уæд рестораны цас банызтон, уыйбæрц никуы ба- нызтон нæдæр уый размæ, нæдæр уый фæстæ. Æр- фæны фæндыди афтæ. Æмæ йæ зæрдæхудты иæ ба- цыдтæн. Æмæ уый фæстæ бирæ бонты фæсмон код- тон, рестораны кæй ныззарыдтæн, ууыл... Уæддæр æмшæй хорз уыди уыцы изæр. Æз ба- зонгæ дæн уæд Кафетæимæ. Бафиппайæн цæмæи уы- дц, уый, мæнмæ гæсгæ, Æрфæпæй пæ апрвæзт. Фæ- Ш
гуырысхо: æнхъæлдæн æмæ мæнæй уый бауарзта! Йæ зæрдæ куыд хуымæтæг у, ахдам хуымæтæг хат- дзæг: федта — бауарзта. Фæрæдыди æви хъуыддаг раст бамбæрста? Бафæрс мын уымæй мæхи— рæст- мæ дзуапп дын нæ ратдзынæн. Æз мысын, мысын уыцы изæр, мæ цæстытыл æппынæдзух уайы, Кдфе- тæ йæхи буфеты цур цæджыпдзыл куыд баицой код- та æмæ мæм æнжъард цæстйтæй куыд каст. Æз за- рыдтæн, уый мæм æгомыг сæгуыты æикъард цæсты- тæй касти... Мæнмæ кæсгæйæ/касти кæдæмдæр. Нæ уæлхъусмæ куы æрбацыд, æмæ йемæ куы фемдзаст дæн, уæд фæтарстæн. Мæ зæрдæ йæхи къултыл ных- хоста, мæ зонд адзæгъæл. Уый исчи бафиппайдта? Æрфæн. Фæлæ уый цы зæххои, цы хуымæтæг джип- пы ауагъта мæ ахаст Кафетæмæ, уымæй цас вазыг- джындæр ^уыди, æз уæд цы , бавзæрстон, уый! Æз æпæнхъæлæджы дæс азы фæстæ фембæлдтæн Æрæ- фы былгæроп чысыл рестораны мæ уарзондзинадыл. Хъысмæт мæ хъазгæ кодта æви мын мæ бирæ азты хъизæмар иунæг уыцы фембæлды амондæй баха- тынмæ хъавыд? О, уыцы изæр æз амондджын уыд- тæп, кæд æвзопг рæсугъд официанткæйы уазал цæс- тытæ мæнæн æгъатырæй дзырдтой, мæхицæн цæмæй дзæгъæл ныфсытæ ма ’вæрон, уæддæр. Уый дæр æнæбафиппайгæ кæм уыдаид, нæ фыццаг фемдзасты æз куыд фестъæлфыдтæн. Æмæ, æвæццæгæн, ахъуы- ды кодта, йæ кары чызджытæ-уыйуавæры цы ахъуы- ды кодтапккой, ,уый. Æз йæ зæрдæмæ пæ фæцыд- тæн, æмæ диссаг дæр ^ нæу, нæдæр мæ кар, нæдæр конд’ æмæ уындæй йæ аккаг уыдтæн. Æмæ йæ алы фезмæлдæй дæр, йæ алы мийæ дæр мæнæн æмба- рын кодта: ма уæнд мæныл хъуыды кæнын дæр! Æппындæр æн чи пицæуыл домдта, ахæм уарзондзи- над дæр æй пæ хъуыдп мæпырдыгæп. Фæлæ уый пæ- 112
мæй зыдта, йæ цæстытæй мæм æлдæр цæстытæ кæй кастысты. Цæмæй зыдта, æндæр сылгоймаджы йа конд æмæ йæ уынды кæй æмбæхста, йæхи карæн æй скодта, афтæмæй: Куыддæр æй ауыдтон, ’ афтæ фæ- цæйхъæр кодтон: Ноннæ! Ноннæ фæстæмæ æвзоиг чызг фестад! Мæхиуыл ныххæцыдтæн, фæлæ мæ зæр- дæ пæ куымдта, Нониæйы нæ, фæлæ бынто’н æндæр чызджьГкæй уы’нын, ууыл баууæндын. Цæрмыстыгъд бакодтой кæрæдзи. Æмæ æз ахъуыды кодтон: а ду- нейыл цы рантыст, уыдонæй æрмæстл уарзондзинад у æнæмæлæт. * Уый адзалæп йæхи хъахъхъæны йæ æнæнымæц хуызты — з’æрдæрыст кæнæцины, амонд кæнæ фыдбылызы. Суанг армытъæпæиыл цы фæд баззайы, уым дæр... Иæ’чындзæхсæвæй къуыри ра- цыди, афтæ Нрпнæ йæ лæгимæ цыди Мæскуымæ по- езды. Æз дæр билет балхæдтон æмæ сбадтæн æн- дæр ’ вагоны. Зыдтон — никуыуал æй фендзынæп. Мæекуымæ куы ныххæццæ стæм^уæд бацыдтæн, мæ, уарзондзинад мын чи ласта, уыцы вагопы дуармæ. Лæг рахызт разæй, Иопнæ йæ фæдыл. Сæ дыууæмае дæр стыр чумæдантæ. — Гуймап, феххуыс кæи,— фæдзырдта мæм Нон- нæ. Æзбирæ азты фснхъæлмæ кастæп уыцы ныхæс- г1сЕм æмæ сæ 1æппы'нфæстаг фехъуыстон. Æмæ амондджын уыдтæн, мæ -балц пæ фæдзæгъæл. Æгайт- ма йæ мæ сæр кæддæр истæмæн бахъуыд. Æз ,ба- }гадтæи, йæ къухæи йьпГ райстон йæ уæззау чумæ- дан... Æмæ ,мæ армытъæпæныл баззад, йæ чысыл къухы хъæстæ кæуыл уыди, уыцы хæцæны фæд. Æн- къарын æй ныр дæр, цьтма йын иырма ныртæккæ райстои нæ хæссипаг, афтæ. Æнкъарын æп пыр дæр, фæлæ пыропг куыд уыди афтæ нæ — пыр мып судзы мæ армытьæпæп, щьша’уыды чумæданы .хæ-цæн сырх- 8 Гуиман 113
зынг уыдн æмæ мæ армытъæпæныл судзгæ тæлм фæ- уагъта. Æмæ мысын уыцы изæр. Нымайдзынæн, цы- ма Ноннæйыл ногæй фембæлдтæн/ Дон кæй!фæцæй- ласы, уый хъæмпыхалмæ дæр фæлæ;буры фервæзын æнхъæл, кæд уыйхуызæн мæ уарзондзинад дæр чы- сыл ныфсы мæнг тæппыл дæр фæхæцы. Нæ, мæ уар- зондзинад уыйонг не ’рхауд æмæ йæхи сайа; хъæмпы- халыйас зæрдæлæууæнтæй. Уый иицы домы, йæхп- мидæг ис пæ фервæзыны, йæ царды мадзал, йæ адза- лы мадзал. Æмæ Ноннæйыл ногæй кæй сæмбæлдтæн æндæр кæйдæр <конд æмæ уынды, æдзухдæр æй кæй уындзынæн, ,уый та йын уыди хъысмæты арфæ, сæ- фæн ын кæй наай, уьгй тыххæй..; Ныр уый æмбарын, ныронг æй ^уыд никуы æмбæрстон, афтæ... Æмы- змæлд кодта перрон адæмæй. Уæззау чумæданæй адæмы къуырдтытæгæнгæ цыдтæн Ноннæ .æмæ йæ лæджы фарсмæ, куы-иу фæсте аззадтæн, куы-иу сæ разæй фæдæн. Ныххызтыстæм ^тъунелмæ, фæстæмæ схызтыстæм, февзæрдыстæм неои цырæгътæй рухс- гонд’ уынджы Курокы вагзалы егъау агъуысты дæл- базыр. Стыр рады æрлæууыдыстæм таксимæ, фæлæ æз цас æпхъæл уыдтæн, уыйас >бирæ лæууын нæ ба- хъуыдп. Нывæрдтам машинæйы уæзласæны чумæ- дантæ, лæг байгом кодта Ноннæйæн таксийы дуар, уый та мæм хæстæг æрбацыд, мæ уазал русæн мын йæ уазал былтæй аба кодта æмæ загъта: . — Хæрзбон, Гуйман! Иæ лæг дæр æрбацыд нæ размæ, джихауæй мæм кастп. Æрæджнау йæ былтæ базмæлыдысты, фæлæ цы загъта, уый нæ фехъуыстон. Ноннæмæ фæкаст, уый йæ сæр «о», зæгъгæ, батылдта, æмæ та уæд, лæг цы- дæр загъта сабыр хъæлæсæй — цы, уый хъуыстон, фæлæ йып йæ мидис бамбарын иæ фæрæзтон. Так- сист спгнал нылхъывта, æмæ мæ цурæй æрбапсæфты- 114
сты уыцы Дыууæ адæймаДжы дыууæ æндæргау. Уь^ ди хъызт, гæв-гæв кодтон уазалæй, фæлæ мæ бон мæ бынатæн фенкъуысын иæ уыд, цьтма сæлгæ ныккод- тон. Æрæджиау ныххызтæн зæххы бынмæ фæстæмæ... Уыцы изæр иуæндæс сахатыл фæстæмæ сбадтæн нæ- хи поезды. Æмæ вагоны мæхи хуыссæныл куы æр- уагътон, уæд ирдæй фехъуыстон Ноннæйы лæджы хъæлæс: «Уый у?.. Бузныг. Бузныг, афтæ тынг кæй уарзыс... Ныххатыр мын кæн». ~ Ныр хъуыды кæнын, хъуыды кæнын, æмæ мæм афтæ кæсы, цыма уæд, уыцы уазал мæскуыйаг изæр цыдæриддæр æрцыди, уый дæр мæ уарзондзинад йæ- хицæн рам’былдта хъысмæтæй — ноджыдæр ма иу, æцæг амондæй уæлдæр чи у, ахæм ф’æрæз æнадзал уæвынæп, æмæ уыцы фæрæз цардн Ноннæйы уазал (былтæи мæ русыл æрбамбæлды, стæй йæ лæг.зæр- дæйæ дæр, конд æмæ удæй дæр æцæг нæлгоймаг кæй у, уый кæй базыдтон, уым. Æрмæст иу хъуыд- даг абоны " онг дæр нæма бамбæрстон: мæ русыл Ноннæйы цæссыджы фæд баззад æви мæхи? Уæд æз афтæ æнхъæлдтон, æмæ йæ, никуыуал фендзынæн. Фæлæ та йыл дæс азы фæстæ фембæлдтæн Æрæфы (былгæрон чысыл рестораны.;. Æвзонгæй йæ кæй осардтон ногæй, уый та ууыл дзурæг у, æмæ уарзон- дзинад зæронд нæ кæны.:. Мæ,й рацыдаид, хъæуы ку- сын куьграйдыдтон, уæдæй, афтæ мæм иуизæр нæхи- ^мæ æрбацыд Æрфæн. Æз æм равдыстон Ноннæйы къам. Ме ’рдхорд æм бирæ фæкаст, стæй мæ бафарс- та, чи у, уымæй. Æз æй асайдтон: — Нæ хъæуккаг чызг, скъолайы иумæ ахуыр код- там. — Ницы йын у,— загъта Æрфæн æмæ къамстъол- мæ баппæрста.— Æмæ? — Цы «æмæ»? 115
— Цы дыл фæцп? — ’ Лæгмæ æрцыди. Æрфæп мьш мæ цæстытæм ’крмкоммæ касти дра- мæ фехъусып æпхъæл. ’ — Дæ зæрдæ мацæмæ æхсайæд,— дыккаг хатт æй афæлывтон æз,— хорз хæлæрттæ уыдыстæм, æндæр иицы уыди ’ие ’хсæп. Æрфæн бахудтп. 7— Лæппу æмæ чызджы хæлардзинадыл дзæбæх не ’ууæпдын,— загъта æмæ мып ме уæхск тымбыл- къухæй æрбакъуырдта. • > , — Æууæнд,— запьтои- æз æмæ мæм æвиппайды фæсмон æрцыди,* мæ уарзондзннады æнкъард тау- рæгъ ын радзурынмæ кæй рахъавыдтæн æмæ йæ мæ- нæ ныр мæ ’сусæгдзинадмæ æгæр хæстæг кæй æр’ба- уагътон, ууыл, фæлæ мæ’.уæддæр фæпдыд, мæхæдæг афтæ тыпг креуыл æууæндыдтæн, уый ме ’рдхордæй дæр фехъусын, æмæ йæ «цæхгæр бафарстон: — Кафетæйы хуызæн нæу? Æрфæи ’къаммæ бавпæлдта, фæлæ кæсгæ кодта мæнмæ. Цы ахъуыды кодта, нæ зонын, фæлæ йын йæ цæстыты джихæй тыхстæн, лæгыл истæмæй гуы- рысхо куы фæкæныиц, фæлæ йыи æй комкоммæ зæ- гъæ,г ку^1 пæ вæпйы, уæд уый куыд фæтыхсы, афтæ. Æз,-дæр ын комкоммæ .кастæн йæ цæстытæм æмæ йын хинымæр лæгъстæ кодтоп, цæмæй зæгъа, зæгъа æрмæст иунæг ныхас, æз æнхъæлмæ кæмæ кастæн. Фæлæ 'Æрфæн ’нæ фехъуыста мæ зæрдæйы æгомыг сйдт. . ’ — Нæу,— йæ сæр :батылдта Æрфæп.— Нæу... Луа- йынтæ ма йæ хъæуы Кафетæмæ. ’ , I Цæмæй тарстæн, уый æрцыди: Æрфæн куырм ра- ’зынди уынгæ-уынын! Нæ уыны, иу бæласы сыфтæр- ^тау æмхуызоп кæй сты, чи сæ кæцы у, уый раирта- 116
сæн <касй иæй. Кæм сты ,йæ цæстытæ? Æви барæй ахæм ныхæстæ кæны?' Нæ, зæрдиагæй дзуры... Æз æм дпсгæпгæ каста^н æмæ æшшпайды æнцоиæн сулæ- фыдтæн, цыма ма/афтæ тынг чп тыхсын кодта, уыцы стыр уаргъ рагъæй рахауд: бамбæрстон, Æрфæны рæстдзинад æмæ мæ рæстдзинад аппæйиу сты хар- бызы цъары цъæх æмæ йæ хуылфы сырхы хуызæн. Кæд алчидæр йæхирдыгонау уыны, уæд алы-алцæ- мæн Дæр ис, дуиейыл цал дыууæ цæсты разына, уал хуызы. Уæдæ зæххыл пс ахæм Ноннæ, иунæг æз кæй уынын, æмæ уымæ гæсгæ иунæг мæн чи у. Чи йæ ра- куырдта, уый та йæ скодта йæхи бæллицы æнгæс, æмæ æз кæй уарзын, уымæ æппындæр ницы бар дары... ...Тыххæйты сбырыдтæн^ купейы уæллаг полкæмæ æмæ, цалынмæ нæхи горæтмæ ехæццæ поезд, уæдмæ нæ рахызтæн. Мæхицæн цы нæ фæкодтон, фæлæ Ноннæйы сурæт æрхъуыды кæнын нæ фæрæзтон. Цы- дæр æбæрæг рухсау ын хатыдтон йæ цард, хъуыстон ын йæ улæфт, йæ’ сабыр ныхас. Фæлæ мæм ,йæ конд æмæ йæ уынд æмгæрон нæ цыдысты. Поездæй куыд рахызтæн, уый дæр нал хъуыды кæнын. Мæхи æрæм- бæрстои перроны, мæ алыварс цъиуызмæлæг куы нал уыд, уæд. Поезд дæр æрбадæлдзæх. Æззагътонмæхи- цæн: «Цæугæ дæ хæдзармæ тагъддæр!» Фæлæ мæ бон нæ уыди мæ бынатæй фенкъуысын. Æмæ мæм уæд фæзынди Ноннæ. «Цом, Гуйман,— загъта уый,— цом,,ды рынчын дæ!» Æз ын бæрæг ’бæлвырдæй уыд- тон йæ цæсгом æмæ бацин кодтон — иунæгæй мæ нæ ныууагъта, пæ фæлыгъд мæнæй йæ сурæт — мæ цар- ды апп, мæ бæллиц. Поезды цæугæйæ та мæм йæхи уый тыххæй нæ равдыста, цæмæй ам, уазал, афтид перроны нæ фæхицæны фæстæ ногæй сæмбæлæм æмæ уыцы сæмбæлды амонд ноджы тынгдæр банкъарон. 117
Уый афтæ уыди, бæгуы, фæлæ йу хъуыддаг не ’мбæр- стон. Тъæнджы мæйы хъызты .боныцъæхыл сæрды- гон урс къабайы бæгъæмеарæй цæмæн æрцыди ар- дæм? Æмæ мын уыцы хъуыды пъæззыйау æлхъывта мæ уæнгтæ, сызмæл’ын мæ нæ уагъта мæ бынатæй. Æвиппайды зæхх мæ быны ныззылд цъилау, æмæ цыдæр æрбадæн... Рынчындоны фæхуыссыдтæн дыууадæс боны. Плеврит — мæ низы ном... Рынчынфæрсæг мæм ничи æрбацыди. Æрфæнæи дæр ницы фехъусын -кодтои, нæ мæ фæндыд искæй батыхсын кæнын. Æрмæст мæм иубон нæ палат’æмæ æрбарвыстæуыд хуын — целофан дзæкъулы дзаг бур кæрдотæ, æмæ манда- ринтæ. Дзæкъулы ком (баст уыди сырх лентæй. Куы йæ райхæлдтон,- уæд дзы æрхауд гæххæтты гæбаз лæтæлтыхтæй. Мæ базы бьпг æй бавæрдтон, кæрдотæ :æмæ мапдарннтæ- та байуæрстон, мемæ палатæйы цы цыпЦар рыпчыны хуыссыди, уыдонæн. Гæххæтты фыст уыди: «Сæй,^ Гуйман, сæй! Сæй æрмæст иу ни- :зæй—зæрдæйы пизæй! Сæй æмæ нæт уарзондзинады хъизæмарæй. Дæндагнизау ын быхсын куыд нæ фæ- разай! Уæд бамбардзынæ, æз куыд иунæг дæн, уый. Ды ацыдтæ дæ сæфт уарзопдзинады фæдыл Мæскуы- мæ. Тæнæг палто æмæ сæрдыгон къахыдарæсы. Хъæ- (батыр дæ, уæдæ! Æвæццæгæн, дæхицæй хъæбатыр- дæр никæй æнхъæлыс. Фæлæ ды нæ зоныс, дæуæй хъæбатырдæртæ дæр кæй ис. Уыдон суанг ингæнмæ дæр ацæуиккой сæ уарзондзинады фæдыл. Æлгъит- 1æ дæ пæ кæнын, фæлæ дын карз æмæ раст тæрхон скæнин, куырм кæй дæ æмæ кæй ницы уыныс, уый тыххæй. Дæ цæстæй ракæс — æндæр дæ иицы домын æз! Дæ цуры дæн, æмæ мæ фен — ау, уый аккаг дæр нæ дæн? Тæрсгæ-мæ ма кæн: куыддæр мыл дæ цæст æрхæца, афтæ æрбадæлдзæх уыдзынæн, дæ хъысмæ- 118
ты дын чысыл фæд дæр нæ ныууадздзынæн, афтæ- мæй. Курын дæ: ссар мæ!..» Нæ, нæ йæ ссардтон.- Иунæг сылгоймаг дæр ахæм нæ зыдтоп* æз чысыл дæр уыцы хъуыддаджы кæуыл фæгуырысхо уыдаин. Уырнгæ дæр мæ нæ кодта,.мæн исчи бауарза,~уый. ;Мæхи æмбарынхъом куы фæдæн, уæдæй фæстæмæ мæ зæрдæйы судзинц састау цар- ди иу хъуыды, мæ уæнгтæ мып мæ фæндон айвазын чи нæ уагъта: афтæ мæм касти, щыма ме ’мбæлтты æхсæн цæмæйдæр цауддæр дæн, цыдæр мын нæ фаг ’кæны æххæст адæймаг уæвынæн. Æмæ кæддæриддæр къæмдзæстыгхуыз уыдтæн мæ цахъхъæнты астæу. Мæ бызгъуыртæ дæр уыдысты уыцы æнкъарæны фарс, цырендæр æй кодтой. Уæлдайдæр, мæ фыды- фсымæр куы амарди, уæд’’бынтон мæ ныфс асаст. Уый æнæуынгæ кæм уыдысты ме ’мбæлттæ æмæ мыл сæ хъал калдтои, кæмæн йæ бон куыд уыди, афтæ. Л1æ фыдыфсымæры ус та мæ хуыдта гуырдзæй’сæр- хъæн. Ахæм бон мыл нæ аивгъуыдта, æмæ мæ ма фæнæма, йæ къухы-иу цы фæци, уымæй мыл иæ ауæрста. Æрмæст мæ кæуын нæ уагъта, мæ дзыхæй хъыпп схаудта, зæгъгæ, ,уæд-иу мæ мæлæтдзаг ба- кодта. Æз сахуыр дæн æиæхъыпп-сыопæй рыстæп быхсын, мæ маст æмбæхсын. Сдæн мадзура. Сау фæ- нык куыд нæ фестадтæн æрхæндæгæй, куыд баурæд- та уыйбæрц саби уд?.. Фæлæ цард уыди тыхджын- дæр мæ гуырысхо æмæ мæ рыстæй: мæ фынты-иу мæм æрбарвыста мæ фыдыфсымæры, æмæ-иу æхсæв- бопмæ иума^ фестæм, куы-иу мæ йæ хъæбысмæ систа чысыл сывæллонау, куы-иу хъæдмæ ацыдыстæм суг- мæ, куы та-пу мæ йæ фарсмæ абадын кодта нæ тракторыл... Бон та мæ зæрдæлæууæн уыди музы- и<æ. Нæ сыхæгтæм мæ амопдæп уыди радиолæ, хъæ- рæй-пу æн сарæзтой æмæ дзы нсты музыкæ дæттынц, 119
/ з’æгъгæ, уæд-иу æз дæр сæ рудзгуыты бынмæ мæхи /байстон. Окъолайы зарджыты къордмæ мæ бæргæ -’ фæидыди, фа?лæ йæ кой -кæнын дæр нæ уæндыд- тæн — мæ фыдыфсымæры усæй тарстæн... Афтæ ар- выстон мæ сабидуг... Туырысхо уæд нынныхст мæ зæрдæйы судзины састау. Æмæ рынчындоны уыцы хуыи æмæ фыстæг куы райстрн, уæд, афтæ ма бан- хъæлут, æмæ дис бакодтон. Дис, уымæй дыууæ азы размаг цы писмо райстон, ууыл бакодтон. Уый дæр уыди ацы почеркæй фыст. Уæд æй æз Ноннæ’фен- хъæлдтон!, Мæ уарзондзинады таурæгъ, поэты загъдау, у- ху- дæг, æнкъард куы на^ уаид, уæд. Нопнæ мæнмæ ныф- фыста сусæг писмо... Сæнттæ цагътон æви куыд æр- цы’ди уыцы хъуыды мæ сæрмæ? Нæ зонып. Ныр æм- барын: мæнг æууæнчы æвпллон рухсæй æцæгдзинад æрбайсæфт, уазал мæй хурыскасты куыд æрбайсæ- фы, афтæ, æмæ аззадтæн сыгъдæг сæнтты æвджид. Фæлæ мæ цы æууæндын кодта, баууæндæн цæуыл нæй, ууыл? Цæвиттон, ипститут тынг хорз бæрæггæ- иæнтимæ каст фæдæн, æмæ мæ баурæдтой, кафедрæ- йы ассистентæй. Иуахæмы цыдæр хъуыддаджы фæ- дыл бауадтæн лабораторимæ. Уым баййæфтон иæ декапы æрыгоп чызг лаборанткæ Ноииæимæ ныхас- гæнгæ. Декаы мып мæ къух райста, мæ амондæн уы- * ди æви ме ’намондæи, фæлæ мæ бафарста: — Цæй, куыд, фатер нæма ссардтай? — Нæма,— дзуапп радтон æз. ,— Æвзæр агурыс,— йæ къух мыл акъуырдта де- кан «Софокл». 1 — Ай-гъай, уымæн цы у,— загъта Ноннæ, декан куьг ацыдн, уæд.— Йæхæд&т къийазы цард кæпы... \А1з бахудгæн; фæлæ иицьт сдзырдтон. Цыд’æр æхсьтзгоп хмын уьтди Ноннæйы пыхас’ 120'
— -Æз... зонын,— куыддæр батыхсæгау кодта Мон- пæ, цыма мын исты æфсæрмыйаг хабар радзурынмæ хъавыдп йæхп тыххæй,—дзырдæуыдп мын.;. де ’хсæв кæм арвптыс... Æз бахудтæп, растдæр зæгъгæйæ, бафæлвæрдтоп бахудыныл.' Ноннæ бадти йæ фыссæн стъолы уæл- хъус æмæ мын афтæ æдзынæг касти мæ цæстытæм, æмæ мæхи цы фæкодтаин, уьшæн ницы зыдтон. — Уый æцæг у? Дзуапп нæ радтон, нæ зыдтон, цы зæгъон, уый. Фæндыди мæ, урсхалатджын рæсугъд лаборанткæ мæм афтæ æдзынæг -куы нæ кæснд, йæ ныхас дард- дæр куы нал кæнид.. — Уæдæ уый раст у, æмæ ды спортзалы къуымы хъæбысæйхæцæп матрацыл джиуай? — Рæстæгмæ,— загътон æз. — Ау, æмдзæрæны дын бынат нæ дæттынц? Нæ- хи кусæг ^куы дæ. — Нæ мæ фæнды æ’мдзæрæны цæрын. — Цæуылнæ? — Студенттæн сæхицæн дæр нæ фаг кæны. — О, мæнæ кæуылты ахæцыд!.?—бадис кодта Ноннæ.— Уæвгæ, ды ахæм адæймаг дæ. Ды иннæты хуызæн нæ дæ. Мæнæй ферох, цæмæ æрбацыдтæн, уый дæр. Ацæ- уын хъуыди/фæлæ цавддурæй лæууыдтæн мæ мпд- бынат. — Гуймаи,—.загъта Ионнæ,— æз дын ссардзы- нæн... ссардтон фатер. — Бузныг,— мæ сæрæй акуывтон.— Мæхæдæг ссардзынæн. — Дæ зæрдæ фæхудтн, Гуйман? Зæгъ æцæгæй: дæ зæрдæ мыл фæхудти? Æмæ æз уый æмбарын- хъом нæ дæн, ды фатер кæй ссардзынæ? Фæлæ мæн- 121
мæ ’байхъус. Махæн нæхищæи хæдзар ис — цыппар уаты дзы. Бинонтæй та бирæ не стæм: мæ мад æмæ, мæ фыд,' мæхæдæг, стæн мæ кæстæр æфсымæр. Мæ фыд ам нæ вæййы, Магаданы кусы. Цæрдзынæ мах- мæ, никæй хъыгдардзынæ, дæхи дæр дып хъыгда- рæг нæ уыдзæн. Дæ уатмæ бацæуæн .уыдзæн хицæн. Æрмæст афтæ: фатеры мызд фидыны кой кæнгæ дæр ма скæн. Баныхас кодтам? — Бузныг,— загътон æз.— Фатер ссардтон, мæ дзаумæттæ дæр ма йæм баластон. Бузныг. 'Дуарыл рахæцыдтæн, фæлæ мын гом кæнын нæ бакуымдта, æхгæд разынд. Куыддæр англисаг гуыдырмæ фæцæйæвнæлдтон, афтæ дуар йæхæдæг фегом. .Мæ уæхскыл цыдæр ~æр- бамбæлд, æмæ фæрсмæу фæкастæн. Ноннæ лæууыди мæ хæдфæстæ æмæ мæм æйахуыр цымыдис цæсты- тæй комкоммæ касти. — Ипнæрдæм гом кæны,— загъта уый æмæ хъæ- рæй ныххудти. Æз рагæпп кодтон æддæмæ, цыма цæмæйдæр фæтарстæн, фæлæ мæ зæрдыл æрбалæу- уыд, дуар мæ фæстæ кæй нæ ахгæдтон, уый, æмæ фæстæмæ фæзылдтæн. Дуар уыди æхгæд. Цыдæр мьтл æрцыд, фæлæ цы, уый мæ тæвдæй дзæбæх нæ ахстон. Иу хъуыды бадти мæ дæлзонд æмæ мæ тæр- сын кодта рагацау йæ фыдуаг æгоммæгæсдзинадæй, кæд ын бæрæг бæлвырд мидис æмæ хуыз нæма уы- дис, уæддæр. Æмæ хмæм мæ зæрдæ сдзырдта: къæп- пæджы бахаудтæн, лидзæн мын нæй! Адæймаг цыфæнды кары куы уа, уæддæр сывæл- лон у. Сывæллонау æй хъæуы искæй рæвдыд, иакæй мæт; искæй уынаффæ. Æмæ мæхи бафарстон: «Ны- ронг раст цардтæн?» Нæ, нæ цардтæн раст! Ацы хъу;ыды æнæнхъæлæджы цæфау сæмбæлд мæ зæрдæ- йыл, æмæ фæтарстæн мæхицæй: æз уыдтæн дыууæ 122
адæймаджы — æддаг æмæ мидæггаг, кæд сыи афтæ схонæн ис, уæд. Æддаг сценæйы æмбæрзæнау хъуы- ди æрмæст уымæн, цæмæй, мидæгæй цы цæуы, уый мачи уыпа’. Æддаг хъахъхъæдта мпдæггаджы ахст лæгау. Фæлæ йæ пæ бахъахъхъæдта — федта йæ урс- халатджыи рæсугъд лаборапткæ. Федта йæ æмæ бам- бæрста, уый дæр сывæллонау рæвдыд кæй агуры.., Æмæ æз ахъуыды кодтоп: кæд мæн дæр æдзынæг. кæсын хъуыди, мæ алыварс чи змæлы, уыцы адæм- мæ? Кæд мæ ныфсы дзырдмæ исчи æпхъæлмæ касти удхосмæ æнхъæлмæ кæсæгау, кæд мæ уæхск фæ- цудæг лæгæн бахъуаджьГ сахат банцой кæнынмæ бæззыди? Мæныл чидæр куы мæт кæны, уæд- æз цæ- уылнæ мæт кæнын искæуыл? Тыхджын ныууыгъдæй -бæласы бæзджын чырс куыд нызгъæлы, афтæ уыцы хъуыдыты знæт зилдухæй ахауд мæ уазал хæрв — мæ иудароп хуыз. Æрфгуыты æлхынцъ райхæлд, мæ мидбылты худтæн, чидæриддæр мыл æмбæлди, уы- мæ. Æмæ мæ уд банкъардта сæрпбар, йе суæгъды фыццаг бои æй бирæ азты ахæстоны фæбадæг куыд банкъары, афтæ. Аргъæутты фарн мыл сæмбæлди: цы уыдтæп, авд ахæмы фестадтæн, ногæй райгуырд- тæн. Цыбырдзырдæй, æрцыди диссаг. Æмæ уыцы диссаг сфæлыста Ноннæ хуымæтæджы зæххон ны- хæстæй. Куыд бузныг дзы фæдæн, уымæн зæгъæн нæй. Мæт мыл кæпы æмбисонды чызг... Цы ма уа уымæй стырдæр амонд? Уымæй æртæ бопы фæстæдæр .райстон писмо. Чи мæм æй æр’барвыста, уый> нæ бафæндыд нæдæр йæ адрис, нæдæр йæ ном ныффыссьш. Фæлæ йæ,куы ба- кастæн, уæд мæм мæ зæрдæ сдзырдта:' Ноннæ! Мæ сæр мыл разылд, мæ цæстытæ атар сты. Ме ’муд* куы ’рцыдтæн, уæд писмо иогæй кæсын райдыдтон. «Гуйман, æнаккаг! — дзырд «æцаккаг» мæм фæкас- 12а
тп æппæт дзырдты хуыздæр.— Хуыцау дæ адæмы фæсдуæртты фæрахау-бахау кæпын кæнæд, кæд ду- ’ рæй конд сты дæ фæрстæ, уæд. Æхсæв дæ дæндæгтæ рпссæнт, бон — дæ цæстытæ, кæд куырм дæ æмæ ни- цы уыныс, уæд. Дæ агротехшжæйыл сыгъд ссæуæд, кæд дæ æндæр ницæй мæт ис, уæд. Ды дæхицæп æн- цад-æнцойæ цæрыс, мæн та хънзæмары амæттаг фæ- кодтай. Кæм ис уæд рæстдзинад? Ды спортзалы, фæлмæн матрацыл хуыррыттæй куы фæфынæй кæ- ныс, уæ’д мæиæн та боныцъæхтæм мæ хуыссæны рафт-бафтæй мæ фæрстæ срæгъæд вæййынц. Цы дын кодтон уыйас, цæуыл мæ марыс удхарæй? Уарзын дæ, уарзын дæ, уарзын дæ—’фехъус мын мæ уды хъæр!!!» Мæгуыр Ноннæ! Цы .дыл æрдау кодтон... Ныр ’ мæхимæ дæр худæг кæсы, дæуыл кæй гуырысхо код- тон, уый... Алы мæй дæр истон ахæм писмо... Цыма сæ алы дзырды дæр æнæхъæн царды фаг амонд ба-. цыди, афтæ мæм^ касти. Амондджын уыдтæн уæд. ■ «Уæд». Ныр сси уый мæнæн мæ сæйраг дзырд. «Уæд» — ивгъуыд афон. Æмæ йыл бæттын мæ ны- хас • дарддæр. Ныхас цы у, кæд мæ цард æнæхъæ- нæй дæр иунæг ууыл хæцы. Ноннæ мын радта ныфс, Æрфæн — хъуыддаг. Мæ- химæ банкъардтон æнæкæрон • хъару. Судзины сас- тау кæддæр мæ зæрдæйы чи нынныхст, уьщы гуы- рысхо дæр мæ уыйас нал хъыгдардта рагон хъæдго- мау, афтæ тынг бауарзтон мæ куыст.- Æмæ мæм диссаг касти, ныронг куыд цардтæн æнæ уый? Са- рæзтон нæ колхозьь зæххыты картограммæ, радих сæ кодтон хицæн хæйттыл, гумус 1æмæ азоты æвæ- рæптæ икæм цас ис, уымæ гæсгæ. Ныронг мæры хи- мнкон æууæлтæм цæстдарæг нæ уыди, зæххыты кæм цас макро æмæ мпкроэлементтæ пс, уый ничи хыгъ- 124
та. Афтæмæй.сæм ластой алыхуызон минералон хъа- цæнтæ, хъæуа, ма хъæуа, уæддæр æфсæст лæг æмæ æххормагæн æмхуызон х’æйттæ дæттæгау. Уыцы рæ- дыд æвæстиатæй сраст кæнинаг уыди. Æз сарæз- тон таблищæ — уый æвдыста, нæ зæххыты хидæн хæйттæм кæд, цас æмæ цавæр хъацæнтæ ласын хъæ- уы. Мæгуырау хуымты бафсадын хъуыди фаджысæй. Æрзылдтæн фермæтыл, хъæуы, хæдзæрттыл. Фед- тон — дзæгъæл сæфт кæны зæххы æрдзон холлаг. Сарæзтон бригад, мæхæдæг дæр семæ куыстон, аф- тæмæй йæ ластам иу .ранмæ, стæй йæ уæд торф æмæ хъæмпы лыстæг карстимæ сæмхæццæ -кодтаиккам. Ацыдтæн торфы гуы’рæнтæм Тарскы дæлвæзтæм, фæ- лæ æнæ .нстæмæй æрыздæхтæн — торф дзы нал къа- хынц. — Кæм ис дæ торф? — бафарста мæ Æрфæн, йæ кабйнетйæ куыддæр бахызтæн, афтæ. — Уым баззад,— дзуапп радтон æз. — Нырма «уым» бпрæ цыдæртæ баззайдзæн. — Чи агуры, уый ссары.. — Æмæ цы рамбылдтай дæ агуырдæй? Агурын уый хъæуьг, ссарæн кæмæн ис. — Ссарæналцæмæн дæр ис. — Уæллæй,4 дæу ничи басæтдзæн,— Æрфæн мын йæ къух мæ уæхскыл æруагъта.— Ды идеалнст дæ. Æмæ уал дын цард дæ бæрзæйæп пу авæрдта. Мæнæн хъыг уыдысты йæ ныхæстæ. Æз æихътлд- тон, уый дæр.мæнау тыхсы, нæ хъуыддаг кæй фæ- сыкк, ууыл. Æз загътон: — Фаджысы куыст чи кæпы, уый цæй идеа- лнст у? " Æрфæн мæм цъынддзастæй бирæ фæкаспг, дыма мыл гадзрахатдзинадæй гуырысхо кæпы. — Гъæй, Гуйман, Гунман,— æрæджиау сдзырдта 125
уый,— ндеалистыл ма сьжъатæ зайы? Наукæ цыдæ- риддæр зæгъы,- уый куы кæниккам, уæд афонмæ ком- мупизмы смидæг уыданккам. — Æмæ нæ чп хъыгдары иæ куыст наукон быи- дурыл сæвæрыимæ? — Æ, дæ мард макуы фесæфа,— хъæрæй ных- худти Æрфæн.— Чи нæ хъыгдары, зæгъыс? Цард. Цард йæхæдæг. Уыныс, торф хъæуы æмæ торф нæй. Инн’æ хъуыддæгтæ дæр афтæ. — Цард дæр лæгæн йæхицæй аразгæ у. — Гъæй кæн, уæдæ! ч — Гъæй кæн нæ, фæлæ гъæй кæнæм!/ — Æз ницæуыл бацауæрддзынæн, мæ къухы цы- дæриддæр ис, уымæй дын æххуыс кæнын. Æз бахудтæи. — ,Дæ къухы цы ис, уып чысылгомау у, сæйраг агроном куы уыдтæ, уæд æгæр уæлæнгæйтты ластай ауæдз. — Мæнæн цы сæрдар уыди, ды дæр ахæмимæ жуы акусис, уæд дæ фенин! Дзæвгар рæстæг нæ ничиуал ницы сдзырдта. Æр- фæн рудзынджы цурмæ бацыди, йæ дзыппыты йæ къухтæ нытътъыста æмæ касти æддæмæ æхсæвы тар- мæ. Хъуысти къулылдаргæ сахаты цъьжк-’цъыкк, скастæн æм — уыди иуæндæс сахаты. Æвиппайды ру- дзыпг фæрухс, стæй æрæджиау райхъуыст арвы дард нæрын. Уынгæй цыди бæлæсты сыфтæрты знæт сы: бар-сыбур. Мæнæугæрдæнты афон уарын бæллиц- цаг уазæг нæ вæййы. ’ — Ды’раст зæгъыс,— ’загъта Æрфæн.— Кæд кус- гæ, уæд кусгæ! ^Бацыди сейфмæ, райста дзы францусаг коньячы авп «Наполеон» æмæ дыууæ чысыл рюмкæйы, æр:ба- хызт стъолмæ, авджы сæр разылдта, «Цымæ ацы ав- 126
гæй,—ахъуыды кодтон æз,—цас пайда ампъухынмаз хъавы йæ раттæг?» — Райс,— Æрфæн’ мæм æрбадардта дзаг рюмкæ. Æрбакаст мæм æмæ бамбæрста, нуазыны зæрдæ мæм кæй нæй. Дыууæ иуазæны дæр йæхæдæг фæдæлбыл кодта, йæ сæр ахгæдта авгæн, агуывзæтимæ йæ фæс- тæмæ бафснайдта сейфы. Уынджы цыдыстæм æнæ- дзургæйæ. Уарын ныккалдта ставд æртæхтæй, стæй фенцад. Хъарм зæххы æнуд тæф скалди. Абонсарæй хурмæ тъæпп куыд нæ ахаудта. Хъарм дымгæ кодта хæхтæй. Сау хъæды сæрмæ мигъты скъуыдтæй кал- ди мæйæн йæ æнахуыр фæлурс^ рухс, фæлæ йæхæ- дæг нæ зынди. «Уарын нæ уыдзæн,— æхсызгонæй ахъуыды кодтон æз,— мигъты дымгæ ахаста...» Æр- фæнты-цур æрлæууыдыстæм. — Гуйман,— загъта Æрфæн,— нæ фæрæз цы у, уымæй дарддæр ма ’внал, кæннод бæлвырд хъуыддаг бырынцъаг кæсагау дæ къухæй ацъыввытт кæндзæн. Зæхх уарзы бæлвырд хъуыды. Сæ хæдзармæ баздæхт. Æз дæр араст дæн нæхи- мæ. «Чи зоны, æгæр æй бафхæрдтон,— хъуыды код- тои фæндагыл,— æгæр æнæхатыр дæн». Нæ, рæст- дзинад комкоммæ зæгъын æгъатырдзинад нæу. Иæ зæрдæ фæхудти? Тынг хорз. Уадз æмæ худæд. Рыст хъæуы адæймаджы, æнæмæнг æй хъæуы: зæрдæйыл фиу хæцын нæ уадзы. Алцæмæй æххæст, алырдыгæй амондджын адæймаг адæймаг нал у. Алы цæсты дæр ис цæссыг, алы игæрыл дæр ис мæстдон, чæмæ уы- дон æгуыстæй куы бадой, уæд лæджы сконды сайд йæхи равдисдзæн чысыл фæзилæны дæр... Нæ зонын, ацы хъуыдытæ’ мæм цæмæн æрцыдысты уыцы уа- рынгар æхсæв, фæлæ мæм Æрфæн касти, зæххон хъыгтæй дард чи лæууы, ахæм адæймаг. Иæ хъуыд- даг кæддæриддæр зыдта бæлвырд, гуырысхо ницæ- 127
уьтл кодта, иæ фæнд æххæст кодта æдыхст æмæ фй- дарæй/Адæймагæн аргъ кодта, йæ куыст куыд æх- хæст кæны, æрмæст уымæ гæсгæ. Дæ бæрны дын нсты хъуыддаг бакæпæд, æмæ йæ ма сæххæст кæн— дæ гуырæй райгæ, у, ницæй тыххæй дын æй ныббар- дзæн, къуылымпы цæй, аххосæй рауади, уымæй дæ фæрсгæ дæр нæ бакæндзæн. ;«Хынцинаг куыд хын- цыс, уый мæпмæ нымады пæу — æри мыи раст дзуапп!» Иу сæрдыгон райсом быдыртыл зылдыстæм. Иу ран мæнæуьг хуымтæм багуылф кодтой колхозы стур- вос. Зæронд хъомгæс сыл æхситт кæны, лæдзæгæй сæм æвзиды. Йæ уд йæ хъуырмæ схæщцæ, фæлæ сын ратæрыны амал игей — пу кæроиæй сгс раздахы, ин- нæ кæронæй йыл балæгæрдынц. — Ардæм-ма рацу,— фæдзырдта Æрфæн зæронд лæгмæ, фос хуымæй куы ратардтам, уæд. Хъомгæс, мæгуыр, йæ иу къухæй йæ хæлафы ко- мыл хæщы, иннæмæй — йæ лæдзæгыл, афтæмæй, æр- бацыд нæ размæ. — Бахатыр кæнут,— дзуры тыхстхуызæй,— гуы- бьпЫиз мыл сагъуыд..; Мæ рон мæ астæуыл абæттын дæр мæ жъухы нал бафтыд... — Тауболат, — загъта Æрфæн,— баздæх - æмæ, изæры фермæмæ дæ фос куы баскъæрай, уæд дæ хн- цауæи зæгъ, мæнæ’йын афтæ зæгъ. «РЛæ куыстæй ист дæн, агур æндæрГхъомгæс!» Лæдзæг Æрфæпы тæккæ сæрмæ февзæрд, афтæ- мæй апдзыг Таубол’ат. Æз ыл мæхи ныццæвынмæ хъавыдтæн, йæ лæдзæг ын нуварс акъуыроп, зæгь- гæ, фæлæ æрвдзæфау мæ боп мæ бынатæй сызмæ- лын нал сси, зæронд адæймаджы æыæбары худина- гæй афтæ тыпг фефсæрмы дæн. \ — Дæ сæр дын асæтдзыпæн, пъамешыкк! — дзур- 128
1*æ нæ, фæлæ тæфсæгæй гæв-гæвгæнæгау йе ’фсæр- тæ æнахуыр змæлд кодтой Тауболатæн.— Нæ выласт ньтн дæ хуызæттæ халынц! — Тауболат,—бынтоп æдыхст хъæлæсæй дзуры Æрфæн, цыма’ хъомгæсы уæззау лæдзæг уый сæрмæ нæ, фæлæ æндæр кæмæдæр — æнæуынгæ «пъамешьж- мæ» — хъавы, ’уыйау. — Цæв, цæв, ма ’фсæрмы кæн! Тауболат æвиппайды йæ лæдзæг æруагъта. — Æмæ уæд куыд æнхъæлыс, нæ, ныццæвдзы- нæн? — загъта фæлмæи хъæлæсæй æмæ къæмдзæс- тыгхуызæй мæнмæ æрбакаст, цыма, йæ фæнд кæй сæххæст кодтаид, ууыл ма иунæг æз не ’ууæндыд- тæн.— Мæ зæронд сæрæй мыи хъазгæ куы кæнут, æмæ уæ æз куы нæ,æрæмбæрстон! Куы уын зæгъын, дизинтыри мыл сагъуыди... Тауболат йæ сæр- дыууæрдæм тылдта, лæмæгъ мидбылхудт хъазыди йæ цæсгомыл. - - — Нæ,— загъта Æрфæн,— хъазгæ нæ кæнын. Дзæбæх фæкуыстай, бузныг, ныр ’дæ кад æмæ радæй пенснмæ арвитдзынæп. Машинæйы куы сбадтыстæм, уæд ма фæстæмæ ракастæн зæронд хъомгæсмæ. Уый цавддурау лæу- уыд йæ бынаты сæргуыбырæй. — Цæуылнæ мын уайдзæфтæ кæныс? — бафарста мæ Æрфæн, машинæ йæ бынатæй куы фенкъуысы- ди, уæд. Æз" ын дзуаппнæ радтон. Зыдтон, цыфæнды куы дзурон, уæддæр йæ фæнд нæ раивдзæн. — Æгæр тагъд ма скъæр,— загъта Æрфæн.— Алцыдæр лæг хъуамæ афоныл кæна. Дæ бон кусын нал у, уæд дæ чи кусæг кæны, пенсимæ ацу. «Дк- зинтыри»,— сфæзмыдта Тауболаты.— Кæнæ «дизин- тыри», кæнæ куыст. ЭГуйман 129
— Зæрдæ та цы фæци? — Зæрдæ...— фæллад хъæлæсæй сдзырдта Æр- фæн.— Зæрдæ дæр хорз у, фæлæ æппæты фыццаг уый у мотор. Хъæуы æрмæст сæры матъз туаггуырæп æфсадынæн. Æндæр нысаииуæг ын нæй. - - Ис, Æрфæн, ис ын æндæр пысаииуæг дæр. Уый дæхæдæг дæхиуыл . бавзæрстай. Фæлæ ныр байрæ- джы... У^зддæр мæ уырны, Æрфæн разамонæджы курдиат мады гуыбынæй рахаста. Аххосджыны куыд * карзæй æфхæрдта, æнаххос лæджы сæрыл дæр аф- тæ карзæй дзырдта. Хуыздæр кусджытæн йæ уд дæр пæ бавгъау кодтаид. Уæлæмхасæн мызд, премитæ, лæвæрттæ, путевкæтæ—йæ къухы цыдæриддæр уы- ди, уымæй сын æлхæдта сæ зæрдæ. Машинæ балхæ- нынмæ рады чи лæууыди, уыдон номхыгъдæй ахахх кодта «дзыпкъахджыты» (æууæнк кæуыл нæ уыди, уыдон афтæ хуыдта), «уырыты» (базæты, къæбицты, скълæдты æмæ æндæр пайдайаг бынæтты лæуд адæм), стæй сайд куыст чи кодта, уыдоны. Æппæт уыдæтты тыххæй дзы æз бузныг уыдтæн. Йемæ ку*. сынæй пæ бафсæстаин... Фæлæ мæ тæрсын кодта Дзибис. Йæхæдæг иунæгæй нæ! Тæрсгæ дзы код- тон — диссаг!—Æрфæпимæ-иу æй куы федтон, уæд. Иумæ та сæ арæх уыдтон — куы кæсагахсынмæ цы- дысты, куы ресторанмæ, куы-иу пикник сарæзтой Æрæфы былгæрон. Мæнæн та мæ зæрдæ зыдта: сæ хæлардзинады цæры фыдбылыз! Æрфæпы фыдбы- лыз. Æмæ ныр мæхи фæрсын: «Цæуылнæ скъахтон ’- Æрфæны Дзибисы мæнгард къухтæй? Цæуылнæ йæ бахсыдтон дæндагæй?! Цæуылнæ?..» Æвæццæгæн, æгæр æууæндадтæн Æрфæныл. Æгæр стыр’ бынат ын уыди мæ царды, æмгæрон нæ уагътон, цы зæрда- хаст æм дардтон, уымæ чысыл гуырысхо дæр. Куыд- I дæр-иу ын фæцудынæй фæтарстæн, афтæ-иу æй фед- 130
тон йæ къæхтыл фидар лæугæ. Правлешшы фæстаг æмбырды та мæ бынтондæр баууæндын кодта, Æр- фæн кæддæриддæр Æрфæн кæй у, ууыл. Дзибиснмæ хæларæй кæй цæры, хъуыды кодтон æз, уый та у йæ лæмæгъдзинад, æмæ æнæ иу лæмæгъдзннад лæджы фырттæй чи царди? Правленийы ныхас цыди хъом- дæтты ног корпусы арæзтадыл. Дуцгæ хъуццыты ны- мæц дзæвгар фæфылдæр, фермæйы агъуыст та иуæй чысыл ,у, иннæмæй та бæзгæ нал кæйы. Æмбырды уыди дыууæ фæндоны. Фыццаг. Зæронд агъуыст фе- халын æмæ йын йæ бынаты нырыккон комплекс са- разын. Дыккаг. Зæронд агъуысты реконструкци ахæм хыгъдæй, хъуг-бынæттæ æртæ хатты куыд фæфыл- ’дæр.уой. Æртыккаг фæидон бахастон æз. Иутæ хъæ- рæй схудтысты, ипнæтæ сæ кæрæдзи цæстæнгасæй фарстой: «Ацы лæгæн йæ^зоид фæцыди æви цытæ рæйы?» Стæй æваст æмбырд’ ныггуыпп кодта — мæп- мæ афтæ , фæкасти,— арт беызины бакалдæй куыд ныггуыпп кæиы, афтæУ бæстæ хиæр-хъæлæба фестад. Æмæ- уыцы знæт хъæлæстæй иу уыди марджы хъæс- тæ, мæ зæрдæ мьтн калмы фæхæстау асыгъта: — Сыдзæгфренник! Æз фæкастæн Дзибисмæ, уый дæр мæм касти тæ- ригъæддаг цæстытæй æмæ йæ сæр тылдта, йæхæдæг йæ мидбылты худы. Æз дæр æм. мæ мидбылты ба- худтæн. Æрфæн сыстад æмæ æмбырд фæсыпп. Мæ пыхас кодтои дарддæр: — Дыууæ фæндоны дæр сты рæдыд: рскопструк- ци дæр, ног агъуысты арæзтад дæр абопы домæпты пыхмæ зианы йедтæмæ пайда пæ хæссынц. Нæ сы- хаг колхбз тагъд аразын рандандзæн хъомдæтты пог корпустæ>Лæ фæрæзтæ ’сиу 'Кæнæм ’æмæ иу ран иу- мæ... 131
Дзурын мæ нæ бауагътой. Зоотехник Азæ йæ бы- натæй фæгæпп кодта: — Худаистæй сæм бацæуæм, балæгъстæ сын кæ- нæм! Цы фæдзурут, ууыл хъуыды цæуылнæфæкæнут? Æви нæм æппын иæхи сæрыстырдзииад нæй? Чидæр йæ-бынатæй: — Уымæн та цы уæлдай у, æрцæуæг лæг у æмæ хъæуы кадыл нæтыхсы. — Мах къабускайы æхсыд хъæдтæ ма фенхъæ- лай, хорз лæг? Нæ сæртæ нын кæйдæр фæдджийы бын цы тъыссыс? — хъæр кодта пннæ. — Уый цы кæны, ’уый æз хорз æмбарын,— йæ мидбылты худти Дзибис.— Кæйдæр авторитет ын йæ цæстытæ къахы æмæ йæ хъуамæ исты амалæй фæ- къахыр кæна. : • * — Кæд дæхи кой кæныс, уæд дæ тас дзæгъæлы у,— загътон æз.— Цы нæ и, уый къахыр дæр куыд фæкæндзынæ? ^ ’ ’ . Дзибис йæ бынатæй фæгæпп кодта, фæлæ Æр- фæн йæ къух уæлдæфы тыхджын æрриуыгъта, цыма йын йæ сæр æрцавта, афтæ, æмæ сæйраг зоотехннк фæстæмæ йæ быпаты æрбадти. — Нæ хъомдæттæ хицæнтæй куы аразæм,— мæ иыхас ,дарддæр кодтон (æмЪырд басабыр),—уæд нæ бахъæудзæн фылд’æр фæрæзтæ схардз кæнын’. Реконструкци дæр нын/бирæ асламдæр нæ ныллæу- дзæн. Фæлæ афтид экономийыл нæ цæуы ныхас. Ныхас’ ц(æуы адæймагыл. Фосдарæгыл. - Уæхæдæг ма ахъуыды кæнут: лæгæн кæм æнцондæр ку- сæн æмæ цæрæн у —бирæ адæмы æхсæн æви чысыл къордимæ? Адæймаджы конд афтæ у, æмæ кæддæ- риддæр тырны стыр.æхсæнадмæ. Уым фылдæр змæлд йс, æмæ хъæлдзæгдæр у, цард йæхп æвдисы йæ алы хуызты, æмæ кусæг лæджы зæрдæ къаддæр цъæх 132
’ кæны .иугæндзондзинадæй. Уыцы психологон факто- рæн нуварс аппарæн пæй. Фæлæ канд ууыл дæр нæ хпцæн кæны иумæйаг хъуыддаджы пайда. Иумæ.кус- гæйæ, пумæ цæргæйæ дыууæ коллсктивæй йæ сæрмæ пичи ’рхæсдзæн æвзæрдæры ном-хæссын, се ’хсæн бацайдагъ уыдзæп æцæг, æрдзон ерыс. < — Фæндон ис,— йæ бынатæй сыстад Дзибис,—’ кæд æмбырдæй хынджылæг ,нæ кæнæм, уæд хъуыд- даджы пыхасмæ рахизæм. Туйман, афтæ тынг кæ- .уыл тыхсыс, уыцы адæм та сæхæдæг цы зæгъынц? Афарстай сæ? Цы нæ хъуыддаг ис кæйдæр зæххыл скъæттæ аразынмæ? Æви искæй хæдзары уазæджы цард кæнæм? . — Искæй та цы хопыс?—нал фгелæууыдтæи, мæ дзы])д æм банп’æрстои. — Тъе, Гуймап, йæ бæллæх дæр уым нс," æмæ фосдарæджы. зæрдæ нæ зопыс. Лфтæмæй та психо- логон фактортæ æмæ хæрæджы дымджыты кой кæ- пыс! Иумæйаг дзыккайæ хицæн сир хуыздæр — уый дын зæхкуса^джы психологи! Фæрсæй-фæрсмæ цæр- дзысты æмæ ерыс кæндзысты! Æмæ сæ ныр чи нæ уадзы? Ау, иу республикæйæ иннæмæ чи ерыс кæ- ны, уыдон махæй æдылыдæр сты, æви фосдарджытæ ну хъæццулы бын кæрæдзи сым-сым куы нæ хъусой, уæд сæ куыст нæ кæндзысты? Æз афтæ нымайын æмæ пæ нæ сыхæгты дæлбазыр бадын ницæмæн хъæ- уы, алчидæр йæ хæдзарæй лæгæп рацыд. Нæй. Сæнт- тæ цæгъдыи дæр хорз у, фæлæ хъуыддагмæ — хæс- тæгдæр! Мæ хъуыды: хъæлæсмæ æрæвæрæм дыууæ фæндоны — кæнæ реконструкци, кæнæ ног арæзтад. чÆз ног арæзтады фарс дæн. Иу. хатт æмæ æнусмæ! — Æндæр фæидон нæй? — Нæй! — æмдзыхæй загътой æмбырды бадджытæ, , — Гупмапы фæндон хъæлæсмæ не ’вæрæм? 133
Æппæты бæсты дæр дзуапп радта зоотехник Азæ: — Уæдæ æз дæр хæссын^ фæндон æмæ йæ хъæ- лæсмæ æрæвæрут. Скъæттæ саразæм мæйыл! Сылгоймæгтæн сæ тæккæ зондджынтæй нæу Азæ, йе ’взагыл цы абада — бадгæ та’ йыл цы нæ акæн- дзæн — уый æхсыиæны цъæрттау хъуамæ æнæмæнг ’ æдд’æмæ раппара. Æмæ уый цыфæнды дзурæд; фæ- лæ утæппæт адæмæй иу мæ фарс куыд нæ рахæцы? Æз дис кодтон мæ алыварс бадджытыл: се ’хсæн ис ахуыргонд зоотехниктæ, агрономтæ, инжепертæ, ^ ве- теринарон дохтыртæ, се ’хсæн ис æрдзон зондæй зондджын, куысты фæлтæрд, зынтыл ахуыр хуымæ- тæг кусджытæ, фæлæ сæ бон нæу, йе та сæ фæндгæ нæ кæны раст фæнд хъуыддаджы сæрæн райсын. Мæ дис фестад маст, Азæйы ныхæстыл æмхуызонæй куы ныххудтысТы, уæд. Уæлдайг хъæрдæрæй худти Дзибис, Азæ та йæхицæй пыббузпыг, йæ худыи тых- хæйты урæдта,' афтæмæй фæйнæрдæм ракæс-бакæс кодта схъæлæй — йæ цыргъ зондæй хъал куыд нæ уыдаид? Фемдзаст дæп Æрфæнимæ—уый дæр худ- ти йæ мидбылты. «Адонимæ кусæнтæ ис! — ахъуыды кодтон æз æмæ мæхицæн бауайдзæф кодтои: — Быхс, аэфсымæр, дæ зæрдæ ма худæд. Ног хъуыддагæн йæ> зын уый мидæг ис, æмæ йæ æваст нæ бамбарынц». — Æмбæлттæ! — загъта Æрфæн.— Гуйманы фæн- доныл разы чи у, уый йæ къух сдарæд! ч. — Ничп! — Гуйман йæхæдæг! , — Æмæ æз! — сдзырдта Æрфæн æмæ йæ къух сдардта. ^ Адæм нæ, фæлæ цавддурты æмбырд. ^ — Ныхмæ чи у? Дзибис йæ къух сдардта. Иннæтæ дæр базмæлы- ’ дысты, фæлæ сæ йæ къух ничи сдардта. Иутæ, цы 134
йерцыди, уый дзæбæх нæма бамбæрстой, иннæтæ та, æвæццæгæн, хицауы хъуыды базонгæйæ сæ ныфс нал бахастой сæхл фæндон равднсынмæ. ч Дзибнс сыстад, йæ цæст ахаста æмбырды бад- джытыл. — Цæсгæмттæ уыл ис? Æфсар^м уынгæ-уыныи хæргæ никуыма федтон. Мæнæ диссаг! — сæйраг зоо- техник йæ армытъæпæнтæ кæрæдзиуыл æрцавта æмæ сбадти. — Тынг раст уын зæгъы Дзибис,— загъта Æр- фæн.— Иннæ фæндæттæ хъæлæсмæ нал æвæрын — нæ уыл æууæндын. Хъаст кæнут, кæдæм уæ фæнды, уырдæм. — Æмбал сæрдар,— йæ бынатæй сыстади парт- орг.— Кæд мах фæндон ницæмæ дарыс, уæд ма нæ цæмæн æрæмбырд кодтай? Цы сты ацы митæ? Цæ- мæн ма хъæуы уæд правлени? — Фæрсгæ уæ хъуамæ æз бакæнон! — фæхъæр ’ыл кодта Æрфæн.— Куырм лæгау ногдзинад нæ уы- нут! л — Иу лæгæн схонæн ис куырм, фæлæ æпæхъæн коллективы дзæгъæлы æфхæрыс! Зæгъын дын æй рагацау, партион организаци хъуыддаг ууыл нæ ныу- уадздзæн. Парторг сбадти. Æрфæн дзæвгар рæстæг пицы сдзырдта. Æвæццæгæн, хæларзæрдæ æмæ сабыр Сол- таиæй (афтæ хуыдтой парторджы) уыибæрц фидар ныхас фехъусып æнхъæл нæуыди. — Кæсут сæм? — былысчъилæй бахудти Æр- фæи.— Сыхæгтимæ иу фæндæй иу хъуыддаг аразып- мæ сæ сæр нæ хæссынц! Мæиæ мысты хæринаджы чысыл муртæй къæппæгмæ куыд басайыиц, уыйау сымах дæр уæ мæнг сæрыстырдзинад къуырцдаæвæн- мæ басайдзæп. Æмæ уыцы сæрыстырдзииады аргъ 135
цас у, уын зонут? Æхца.уæхи дзыппæй куы дæттпк- кат, уæд лæмбынæгдæр нымаиккат. Нæ, æз уыйбæрц æхца доны нæ бакалдзынæн. Партпоп организацийæ мæ тæрсын кæныс, Солтап, фæлæ уым дæр хъуыд- даг, чи ’мбары, ахæмтæ разыпдзæи. Науæд пæ уæ- ле — райком, обком. Лыг у: нæ сыхæгтимæ баныхас кæндзынæн, æмæ’ иумæ аразын райдайдзыстæм ком- плекстæ нæ зæххыты иумæйаг арæнтыл. Кæд ма ис- кæй исты зæгъын фæнды? Æрфæн æцæг нæлгоймаг уыди. Мæнæн ничи уы- ди, сидзæр уыдтæн, фæлæ мс ’фсымæртæ æмæ хо- ты цы уарзтæй уарзтаин, уып æнæхъæнæй дæр Æр- фæны хай фæцн. Мæимæ-ну хатгап афтæ дæр кас- ти, цыма мæ ныфс мæнæй хицæнæп цæры Æрфæпы хуызы. Йемæ уыдтæн зæрдæнцой, æууæндыдтæн — царды нæй ахæм цæлхдур, иуварс аппарын мын чи иæ бакома. О, куыдтынг мæ фæндыд, Æрфæн сыгъ- дæг æфсармимæ æпæ хинæй æхсæны хъуыддагæн фæндаг размæ куыд къæртт кæна æпæбасæтгæ хæс- тонау; искæмæн йæ рæдыд .куыд нæ бары, афтæ ,нæ- хицæн дæр чысыл аипп дæр куыд нæ бара. Фæлæ мæ тæрсын код’та йæ цæхгæр, йæ æгоммæгæс уагæй, йæ- хиуыл йæ зæрдæ æгæр тынг кæй дары, уымæй. Гуы- рысхо æмæ фæсмон хорз уынаффæгæнджытæ сты разæнгарддзинад æмæ’ бæллицæн, æрмæст сæм хъу- сын зон — сырхзынг æфсæйнаг уазал доны куы ацæ- вай, уæд æндон кæны. Фæлæ Æрфæнæн йæ фæнд æнæсаргъ фыдуаг уырсау йæхиуыл бадын никæн уагъта — ныззыввытт-иу ласта дардмæ йæ барджы- ты — Гæдзæ æмæ Сагъæсы. Мæнæ 11ыр дæр æмбыр- ды ныхмæ æрлæууыд, æмæ йæм дзурын ничи уæн- ды. Раст у йæ тæрхои, фæлæ мæн цыдæр хъыгдары, у,ыцы рæстдзинад уæлахизау æнкъарыи. Æз кæсын правленийы уæнгтæм — æдзæм æмæ саст зæрдæпæ 136
бадыпц уацайрæгтау. Фæлæ — диссаг — тæригъæд кæнын уыдонæн нæ, фæлæ Æрфæнæн. Уый аззад хнцауы афтид гуырымыхъхъ бары æвджид, æмæ кæд рæстаг æмæ тыхджын уыди уыцы бар, уæддæр иунæ- гæй, æнæ адæмы æууæнкæй, цæсты нæ ахадыдта, нæ фидыдта, бæлас æнæ къалиуæй куыд нæ, фидауы, афтæ. Æз та цымæ цы ми кодтаин йæ бынаты? Бай- хъуыстаин сæм, зонгæ-зонын сразы уыдаин, раст цы нæ У, ууыл? Нæ! Уæдæ Æрфæнæн ны гæнгæ уыди? Æцæг нæлгоймаг куыд фæкæны, афтæ бакодта! Фæлæ уыцы æнахуыр тæригъæД — цы у, цæмæн фæзынд, æппындæр ын.бынат кæм нæй, уым — Æр- фæны стыр (тыхы цур? Уæд мæ бон нæ уыди ацы фарстæн дзуапп раттын. Фæлæ мæм ныр афтæ кæсы, цыма~уыцы изæр мæ зæрдæ базыдта цыдæр æгъда- уæй, Æрфæн^Æрф1æн кæй иал у.^Уый нал æууæндыд йæхиуыл. Æнæ ,æууæнк та стыр хъуыддаг аразæн пæй. Æмæ йæ куысты цы фидардзинад æвдыста, уы- мæй йæхи сраст 1кæнынмæ хъавыди йæхи цæсты... Æртæйæ ма баззадыстæм, иннæтæ ацыдысты. — Цы нын дæ зæрды ис? — Дзибис бадти Æрфæ- ны стъолы ныхмæ.— Адæмы цур мæ нæ фæндыди дзу- рын, фæлæ Дын æй ныр зæгъын: ницы сæрдар дæ, кæд Гуйманы зондмæ æрхаудтæ, уæд. — Гуйманы зондмæ æрхауын нæ, фæлæ схауын хъæуы. Бынмæ нæ,уæлæмæ йæм кæс, кæннод ницы фепдзынæ,— дзуапп ын радта Æрфæн. Дзибис худæгæй бакъæцæл. Фæстæмæ мæм ра- каст — æз лæууыдтæн дуаргæрон. — Хæрзæхсæв,— загътон æз. — Фæлæуу, иумæ- цæудзыстæм,— Æрфæн сыстад йæ бынатæй. — З^гъ ьтн,— Дзибис та мæм фæстæмæ ракаст.— 1,37
Дæ зондджын аррдхордæн зæгъ, æмæ мæ хъуыддæг- ты йæ фындз ма тъысса. Æрфæн ын йæ уæхск æрхоста. — Дæуæн, Дзибис, дæ хъуыддæгты фындз нæ, фæлæ æндæр исты, хъæбæрдæр, тъыссын хъæуы. Сæйраг зоотехник йæ армытъæпæнтæй стъолы ти- гъыл æрæнцад, йæхиуыл.хæрдмæ схæцыд. — Ды давæг дæ! — йæ дзыхыдзаг ныххудти Æр- фæн,— ды давæг дæ, Дзибис! Сæйраг зоотехник фæстæмæ æрбадти, мæнырдæм та сабыргай йе ’ргом раздæхта. — Ды хъазгæ кæныс, фæлæ ай,— Дзибпс пæ сæ- рæй мæнмæ ацамыдта,— ай æцæгæй банхъæлдзæп. — Ды давæг дæ, давæг,— рæвдауæн хъæлæсæй дзырдта Æрфæн чæмæ йын йæ армытъæпæнæй йæ бæзджын сæрыхъуынтæ лæгъзытæ кодта. Дзибис æмчйæ цæстытæ сзылдта. — Гъей, хъазын хъазын у, фæлæ сæры къæрцц хъазын нæу. — ^Ацы сæры фаг къæрццытæ та кæм ис? — Ныр’ зæрдиагæй дзурыс? — Уæдæ? — Æмæ уагæр цы радавтон? — Уæртæ кæсыс,— Æрфæн йæ сæры фсзмæлдæп мæнмæ бацамыдта,— уый ме ’фсарм у, ды—мæ ху- динаг. — Нуазгæ дæр куы ницы бакодтай! — Дзнбис Æрфæны къух йæхицæй пуварс асхуыста.— Æви фырфæлладæй дæ сæрызонд. дзæгъæлтæ кæнын бай- дыдта? Цом сдзæбæх дæ кæпон! — Цафон у? ( — Рестораи ма кусы. * — Гуймап, куыд зæгъыс? — къæмдзæстыгхуызæй мæм æрбакаст Æрфæн. 138
\ — Хæрзæхсæв! — загътон æз æмæ рахызтæн къæ- с^æрæй. Къæлидоры ма мæ хъустыл æрцыдысты Дзи- б^гры ныхæстæ: V— Цы дзы кæныс, денщиччы хуызæн æй дæ фæ- дьц цы ’рахæр-хæр кæныс? Тагъд йемæ æррадонмæ бахаудзынæ. Уымæй æртæ боны рацыдаид, афтæ мæм йæхимæ фæсидти райкомы фыццаг секретарь Зæнгионы фырт. Хуыцаубон кæй уыди, уый мæ зæрдыл æрбалæууыди, æнхъа^лмæкæсæн уаты стъолыл фыссæн машинкæ йæ аКудæй æмбæрзтæй (куы федтон, уæд. Зæнгионы фырты баййæфтон’ йæ жабинеты иунæ- гæй, æвзæрста’райсомы цост — йæ цуры стъолыл уы- ди бирæ писмотæ, газсттæ æмæ журиалтæ. К/ьæсæ- рæй (куыддæр бахызтæн, афтæ сыстади, мæ размæ ра- цыди, æз дæр æм батагъд кодтон. Мæ къух мын рапста, сбадыи мæ кодта пе стъолы ныхмæ æвæрд къæлæтджып бандоныл, пæхæдæг та лæууыди мæ уæлхъус æмæ касти, йæ къухы йын цы фыстæг бай- йæфтон, уый. — Бахатыр’ кæн,— загъта, писмо каст куы фæци, уæд, æмæ обадти йæ бынаты. Йæ кæсæнцæстытæ сис- та, стъолыл сæ æрæвæрдта. — Уæ колхозæн сæйраг агроном куы агуырдтам, уæд æз уыдтæн дæ кандидатурæйы ныхмæ. Мæнмæ уыди æндæр фæнд. Фæлæ Æрфæн къæрттæй цъула нæ аппæрста — мæн æндæр ничи хъæуы, зæгъгæ. Æз дæр йемæ сразы дæн. Фæлæ ныр ис ахæм хъуыды: дæу æндæр куыстмæ раивын. Цы зæгъдзынæ?. Æз æндзыгæй бадтæн æмæ хъуыстон ^æ зæрдæйы гадзрахат гуыпп-гуыпмæ. Мæ бон дзурын иæ уыди. — Зæгъæм, фосхæссæн совхозмæ дæ арвыстам? Æз шп\ы дзырдтон. Мæн фæндыди сыстын, ацæ- уын. 139
•— Йе та дæ управлсшшæ анвтам. Цыбырдзы/' дæй, куыст дын ссардзыстæм.' ч Зæрдæ йæхп къултыл хоста.. Сыстын æмæ аАæ- уын —уыцы иунæг хъуыдыйы бацыдаин, ц^дæг(ид- дæр уыдтæн, уымæй. Ацæуын ардыгæй, ацы кашше- тæй, колхозæй, районæй, республикæйæ. ’ > — Цæуылнæ исты ^дзурыс, Гуйман? Æви дæ нæ фæнды дæ куыртæй ацæуын? — ,Нæ фæнды. — Дæу сæйраг агрономæй кусын фæнды? Цыма дзырд «сæйраг» Зæнгйоны фырт сырх кърандасы хаххæй фæнысан кодта, афтæ мæм фæ- касти.— Æмæ дæ кæдæм арвитæм, уым дæр, чн зо- ньт, сæйраг уыдзынæ. — Мæн фæнды æрмæст, ныртæккæ кæм æмæ цы бынаты кусын, уым. ’ - , — Цард фæндонæй нæу. Зæгъæм, нæ дæ бафарс- там,'уæд та? . ( Уæззау зæрдæхудт мæ’кæуыны онг скодта. Æз ацы лæгыл куыд æууæндыдтæн, куыд ын аргъ код- тон! Зыны сахат-иу фыццагдæр кæуыл ахъуыды код- тон, уый уыди ацы лæг.. Мæ. мнднымæр мæ алы къахдзæфæн дæр дзуапп кæй цуры лæвæрдтои, уый уыдн ацы лæг. Æмæ уый та.æдде рæсугъд, мидæгæй кæлмхæрд дыргъау сайд разынди. Уæд ма адæймаг кæуыл, баууæпда? Æз схуыфыдтæн, мæ кæуындзæг иынныхъуырып нæ куымдта.— ныхъуырæн нуæрттæ нал куыстой. — Афтæмæп нæ ацæудзынæн,— æрæджпау \загъ- тон æз. — Уæдæ куыдæй? 1 — Æз ЦК-мæ фистæгæй дæр фæцæудзынæн. Зæнгпоны фырт хъæрæй ныххудтн. ^ — Ды уый зоныс, æмæ дæ цъыфкалæг дæр хо- 140
Нинц.- Уый уæле. Мæнæ дыл уæхиоптæ цы фыссынц, уьш та дæхæдæг бакæс,— Зæнгионы фырт мæм æр- бадардта, æрдæбон кæй касти, уыцы писмо. Ано- нимкæ. Чырынтæ тстрады сыфыл скъоладзауы къухæй фыст уыди: «Æмбал райкомы фыццаг секретарь1 Зонын, анонимщик * тæппуд æмæ æгадыл нымад у, фæл^ ууыл дæр разы дæн рæстдзинады сæраппонд. Сæгфн ыл, мæ ном ныффьюсын нæ уæнд’ын, уымæн æмæ ] мæ куыстæй фæхаудзынæн, мæн та тæсчъы дзаг сывæллæттæ ’хæссын’хъæуы. Сæрдар æмæ сæй- раг агроном æфсымæртæ сты, кæнгæ æфсымæртæ, æмæ дын халон халоны цæст къахы? Гуйман, цыдæ- риддæр æй фæнды, уый кæны. Сæрдар йæхи сæрæй нæ (Кусы., Сæрдары кард куы схонæм, уæд йæ фис- тон у Гуйманы къух, æмæ дзы кæм раст адæмы æр- гæвды, кæм та дзы ,йæхи(цæн,нард хай æрлыг кæны колхозы исбонæй. Фæлæ ууыл нæу мæ ныхас, уыцы уавæр кæд дæ зæрдæмæ цæуы, уæд цæуæд, раджы уа, æвй æрæджы — иу кæсæг уыдзæн хъуыддæгтæм. Æз æрмæст фыссын, мæхи цæстæй цы федтон, уый: мæнæугæрдæнты Гуйман æнæзонгæ адæмæн быдыры ауæй1 кодта æртæ машинæйы мæнæу. Дзæбæх æр- фæрсут шофыр Сæгайы фырт æмæ комбайнер Айла- ры фырты. Милицæ сæ куы стæрсын кæна, уæд се ’взæгты цъутта райхалдзысты. Рæстылдзурæг». — Цы зæгъдзынæ? — бафарста мæ Зæнгионы ’ фырт, анонимкæ йæм. фæстæмæ куы радтон, уæд. йæхæдæг йæ бынатæй сыстад, бацыд шифанермæ, байгом æй.кодта æмæ дзы кирзæхъус цырыхъхъытæ райста. Мæ къæхты. бынмæ мын сæ æрбаппæрста. — Дæ туфлитæ ам уадз. Фæкастæн Зæнгионы фыртмæ — йæхиуыл дæр уы- ди цырыхъхъытæ. — Кæцы номыр дарыс? 141
Æз загътоп мæ къахыдарæсы номыр. , ’ / — Чысыл стырдæр сты адон, фæлæ ницы ’кæ/ш, мæпæ дын портянкæтæ,— Зæнгионы фырт та мыи/мæ цурмæ æрбаппæрста урс бæзд>кын хæцъилтæ.— Дæ- мæ кæсыс, аив дæ къахыдарæс! Абон нæхицæн улæф- ты бон скæнæм. Къостайы æмдзæвгæ нæ хъуыды кæ- ныс: «Цуанон та ахæм дæн, æмæ мæ цуанонтæ цуа- ны нæ фæуадзынц семæ!» , / Цырыхъхъытæм дзæгъæлгаст кодтон, мæ сæр нæ ахста, ныртæккæ цы гæнгæ у, уый. Мæ бынаты къо- дах æмбаргæдæр разындаид. Зæнгионы фырт мæ уæлхъус лæууыди, йæ .къухы дыууæхстон’ топп куыд февзæрд, уый дæр нæ бафиппайдтон. Цыма йын йæ хæцæнгарзæй фæтарстæн, уыйау мæ туфлитæ тагъд- тагъдæй феппæрстон, сæ бæттæнтæ дæр юын не суæгъд кодтон. Мæ иу къах цырыхъхъы хъусы фæцавтон, стæй йæ фæстæмæ фелвæстон — фæкомкоммæ дæн пъолыл урс хæцъилтæм. Хатын/ ме ^нарæхст архайд- мæ хмын лæмбынæг кæсы Зæнгионы фырт. ^— Æпхъæлдæи, салдатаг касы хъæстæ нæ фæ- дæ! — загъта уый æмæ хъæрæй ныххудти, * йæхæдæг дзуццæджы æрбадти мæ цуры æмæ мын хæцъил" æн- гом æрбатыхта мæкъахыл.— Мæнæ афтæ! Кæннод мын рагъы хæссииаг фæуыдзынæ сырды бæсты! Зæххы скъуыды куыд нæ ныххаудтæн фырæф- сæрмæй! Райкомы фыццаг секретарь мьш мæ къæх- тыл партянкæтæ тухы! Мæ сур хид акалд, улæфын дæр пал уæндыдтæн. — Хæц! — загъта Зæнгионы "фырт æмæ мын дыу- уæхстон мæ къухы фæсагъта. Иæ цыбыр балоний- цъар къурткæйы бын ын йæ астæуыл ауыдтон гил- дзæйдзаг хъатара æм& бадис кодтон: ныронг куыд нæ бафиппайдтон, балцарæзт кæй у, уый? » Кæрты нæм æнхъæлмæ касти ног «газик». Хъæ- ! 142
уæт куы адард стæм, уæд Зæнгионы фырт загъта: 4- Кæдæм цæуæм, уымæй дæр мæ нæ фæрсыс. Кеть\ хъæууатмæ. ’ Уырдыгæй та Сау хъæдмæ. Æцæг дæхиша фæсай сырды фыдæй — мах хуызæн цуаноп- тæм оырдтæ сæхи дæр не ’вдисынц. Æрæфы былгæронмæ бахæццæ стæм, стæй хæхты- рдæм ] дон-дон дзæвгар фæцыдыстæм хæрдтæ æмæ уырдгуытæ хуырджын фæндагыл. Иу ран Зæпгионы фырт йæ машинæ донырдæм фæзылдта, кæрз къулы бынма^ ныууадыстæм. Æрæфы тæккæ былгæрон иæ- зы бæлæсты æхсæн кæрдæгджыи æрдузы нæ маши- нæ æрлæууыд: — Зондджын адæм сæумæцъæхæй райдайынц сæ хъуыддæгтæ кæнын,— загъта Зæнгионы фырт æмæ ацамыдта, æрдузы лæугæ цы машинæтæ баййæфтам, уыдонмæ. Æрфæны «Волгæ», Дзибисы «Жигули» æмæ мæхи «газик»... Абон мын гаражы загътой, дæ машинæ дын Æрфæн атардта, зæгъгæ. Райкоммæ ссыдтæп ав- тобусы. ’ Зæнгионы фырт æхсæры къутæрты астæу парæг ’къахвæидагыл р1æвдз суади хæрды. Æз дæр — йæ фæдыл. Иуран, Æрæфы йæ айнæг бæрзоид был- гæрæттæ чыидздзон чызджы астæуау дзæбæх кæм æрбалвæстой, уым хид разынд: нæзы бæласы дыууæ ставд зæнджы фæрсæй-фæрстæм æвæрд. . — Бахизæм иннæ фарсмæ,— загъта ме ’мбæлц- цон. Куы фæфале стæм, уæд мын мæ къухæй дыууæ- хстоп айста, фæтасын æй кодта æмæ йын йæ хæтæл- ты гилдзытæ бавæр’дта. Стæй мæм æй фæстæмæ радта. — Фуццаг æхсты бар кæстæры. Схæрд кодтам Кетмæ. Рагон хъæууат мæм астæ- 143
уыккаг æнусы стыр нывгæнæджы конд æрхæндæг пейзажы хуызæн фæкасти. Иæ алыварс æрзырди хъæд, йæ астæу бæрзонд обауыл лæууы хæлд /мæ- сыг, ’ранæй-рæтты ма пырхгонд хæдзæртты къултæй цыдæртæ аззад — дурты цæндтæй зынынц дæлдæр- уæлдæртæй. Хæстæг сгём бацу—фендзынæ артшгъ- ды фæд: ала сауæрттывд кæны сæ дуртыл. / — Кеты трагеди...— Зæнгионы фырт джихæй кас- ти хæдзæртты, хæлддзæгтæм,— дуртыл фыстæи баз- зади. Хъæууатæй чысыл дарддæр, тæккæ хъæдрæбын зынди цалдæр зæппадзы. Нæ фæндаг сыл акодтам. Иннæтæй иуварс чи лæууыди, уый цур æрлæууыды- стæм. ’ ■ ’ — ’Мæпæ ам хуыссынц ’ Темур-Алсахъ æмæ Ди- гиза. , ’ . .' Æз бакастæн зæппадзы чысыл рудзынгæй мидæ- мæ. Иу уысм мæ цæст ницы ’взæрста талынджы, стæй мæм разындысты дыууæ стæгдары тæрхæгыл фæрсæй-фæрсм1æ æвæрдæй. Æз зыдтон Темур-Алсахъ æмæ Дигизайы æнкъард таурæгъ. Лæпоу. тыхгæн- джытимæ тохы куы фæмард, уæд йæ уарзон чызджы дæр цард нал хъуыди — Алсахъы риуыл йæхи амард- та. Ивгъуыд æиусы уазал тæф мыл калди зæппа- дзæй, æмæ цыма мæ уæнгты ахъардта, уыйау мæхи- уыл æнкъардтон, ацы стæгдарты кæддæр чи царди, уыцы æвзонг удты рагон рыст. — Æз кæрæй-кæронмæ, æнæ чиныгмæ кæсгæйæ зыдтон поэмæ «Темур-Алсахъ»,— мæ хæдфæстæ рай- хъуыст Зæнгионы фырты хъæлæс. Ме ’ргом æм ра- зылдтон.' Уый æдзынæг касти зæппадзы талынг ру- дзынгмæ æмæ йæхицæн дзурæгау райдыдта: 144
Тундзуй Ирæфмæ Хæзнидон. Уинуй фалдзоси и бæлццон Еу къуар обайтæ гъенур дæр — Сæ еу иннемæй æй хуæздæр. Уой медæг арфи дуййемæй Хæрнæг æрцæнцæ, уотемæй Нур Дигиза æма Алсахъ Еумæ лæуунцæ æнæ халхъ. Цæруй сæ хæццæ калм-зæрин —- Цæрдæг, гъиккаг æма зæрдгин... Ескæд хебари кæд тæрхъос, Телгæй фæйнердæмæ йæ гъос, Хæстæг. обаумæ æрцæуй, Уæд калм фæдеси скъотт кæнуй. Æваст нисхъæтæг уй и сирд, Тæссæй нийдайуй йе лæуирд. Уыйфæстæ бирæ бонты мæ хъусты азæлыдысты ацы рæпхъытæ. Бынсыгъд хъæууаты рагон зæппа- дзы цур сæ кæй фехъуыстон, уый сын лæвæрдта уæл- дай тых, æмæ мын мæ зæрдæ сæнкъуысь!н кодтой. Поэзи дæр музыкæйау сæрыхъуынтæ ныддыз-дыз кæ- нын кæна, уып æнхъæл ’нæ уыдтæн... Æнæвнæлд бæзджын кæрдæджы сабыргай цыды- стæм хъæдмæ. Хъæды иучысыл куы бауадыстæм, уæд мæ хъустыл æвиппайды ауад адæмы хъæлдзæг хъæ- лæба. , Уыцы уынæр Зæнпюны фырт дæр фехъуыс- та —.æваст фæлæууыд/ Иучысыл цæуылдæр ахъуыды кодта, стæй мæм йæ къух фæтылдта, цом, зæгъгæ. Бæлæсты астæу пыхсбын къутæрты лæгæрстам, уый — разæй, æз — йæ фæстæ. Хур арвыл дзæвгар суади, йæ тæмæн хъардта бынмæ бæзджын сыфтæ- рæй дæр, æмæ афтæ зынди, .цыма хъæды тарфы æв- зист рыг бады. Фæлæ æртæх йæхи нæма. систа. Иу- ран хъæд фæрухс — æрдуз æрбазынд. Йæ астæу гуыр-гуыр кодта арт. Æрфæн нæм лæууыди чъыл- дыммæ, йæ къухтæ— йæ спны сæртыл. Дзибис гуы- 10 Гуймац 145
бырæй лæууыди, стыр карды фæтæн ком йæ армы- тъæпæныл адау-адау кодта. Агуыбе, фермæйы раздæ- ры хицау, Æрфæн йæ куыстæй кæй систа’, уый,/йæ сыкъатæй хæцыди стыр фысыл, йæ сæр ын здыхта — цыма йæ мæкъуыстæджьГкъæрцц фæцыди, афтæ ]дæр мæм фæкасти. Фысæн йæ тъæпп зæххыл фæнкди æмæ йæ Агуыбе сызмæлын нал суагъта, йæ тæнтыл ын уæрагæй æрæнцад. ’Æз хорз уыдтон: фыс йе ’взаг раппæрста æмæ хæстулæфт кодта. — Цæмæ ма кæсыс, Дзи’бис? — фæстæмæ ракаст Агуыбе.— Æргæвдгæ! — Дæхæдæг, дæхæдæг, Агуыбе, æз дын фæхæц- дзынæн! — Дзибис бацыди йæ размæ, фысæн йæ раз- заг æмæ фæстаг къæхтæ баиу кодта æмæ сæ рæвдз æрбабаста синагæй. Уæдмæ. Агуыбе сыстад, йæ’ бы- нат ын бадахста Дзибис, дыууæ уæрагæй дæр æрæн- цад æгомыг фосы фæрстыл, йæ къæхтæ та йын зæх- мæ æрæлхъывта йæ фидар къухтæй.> Агуыбе æркæс- тытæ кодта кардмæ, йæ комыл’ын цалдæр хатты фен- дзæвыд хистæр æнгуылдзы алгъæй, стæй æргуыбыр кодта кусæрттагмæ, йæ бырынкъыл ын галиу къу- хæй æрхæцыд, йæ сæр ын йæхимæ сивæзта æмæ кард æрбадардта хурхыл. Æз мæ сæр бынм^е æр- уагътон. Æрдузмæ фæстæмæ куы бакастæн, уæд Агуыбе лæууыди фысы тугæйдзаг сæримæ, йæ фиспæг цонгæй сæрфта йæ ныхы хид. — Æрфæн,— загъта Дзибис, фысы къæхты баст халгæйæ,— мæ хуыздæр кусæджы мын дзæгъæлы фæтардтай йæ куыстæй. Уæллæй, сæрæн у Агуыбе! — Халон халопы цæст нæ къахы,— загъта Æр- ф’æн, ныр дæр мæлæууыди йæ бынаты, йæ къухтæ — йæ синты сæрыл. Агуьгбе хъæрæй ныххудти. Хъæдæй æ^дузмæ æрбазгъордта бурдзалыг æрыгоп чызг — джинс хæлаф ыл, йæхи амбæхста Æрфæны фæстæ; 146
’ще тæнтыл ын йæ къухтæй æрхæцыд æмæ дзуццаё- джы æрбадт, тарст хъæр кодта: ^— Калм! Калм! Йæ фæдыл æрдузмæ æрбадугъ кодта райпойы ку- сæг, йæ къухы æцæгæйдæр уыди калм. Чызг йæ дзы- хыдзаг ныцъцъæхахст кодта. Лæппу æрлæууыд Æр- фæны комкоммæ, худæгæй бакъæцæл. — >Ма тæрс! — æрæджиау сдзырдта уый.— Калм нæу, бæласы уидаг у. Кæс-ма йæм! Лæппу «калмы» йæ астæуыл асаста. Æрдузы ин- нæ кæронæй æрбазындысты дыууæ чызджы æмæ рæстæмбис кары дыууæ нæлгоймаджы. Никæй дзы зыдтон. Чызджытæй иумæ уыди хъæддаг дидинджы- тæ, йæ фындзы бын сæ дардта, æвæццæгæн сæм смуд- гæ кодта. — Цы зæгъдзынæ? — бафарста мæ Зæнгионы фырт. Дзуапп ын нæ радтон. Æрдузы иувæрсты азылдыстæм, нæ фæндаг дард- дæр кодтам хъæды арфмæ. Иурап калд бæласы хуыскъ зæигыл нæ фæллад суадзынмæ æрбадты- стæм. — Цы кодтай уагæр Бырцæджы фыртæн, цæй тыххæй дæм мæсты кæпы? — бафарста мæ Зæнгио- ны фырт. ; Æз ын ракодтон мæ институты хабæрттæ. — Уæдæ дæ йæ фырты маст исы? — Æвæццæгæн,— мæ сæр батылдтон æз. — Уæд^дæ цъыфкалæг та цæмæн хоны? Æз бахудтæн. — Иæ лæппу иунæг экзамен дæр йæхи хъаруйæ нæ радта. Куыд ын цæстмæмитæ кæнынц, йæ хъус- тæй йæ тыххæйты хæрдмæ куыд ласынц, уый Мæс- куымæ ныффыстон. 147
• — БырцæДжЫ фырты къухтæ даргъ сты, дардмаз æххæссыиц,— йæ сæр додопгæиæгау тылдта райко/ш фыццаг’секретарь. , / — Нæ дзы Тссрсын. Зæнгионы фырт хъæрæй иыххудти. — Уæдæ мæ ды дæр мæ куыстæй уымæи исыс? — йæ цæстытæм ын кастæн комкоммæ. Ме ’мбæлццон та бахудти. Загъта: — Нæ районы иунæг хъæбатыр лæг ист-ды! Ды нæ тæрсыс, ипнæтæ тæрсынц.Нæ? ’ - Ме ’мбæлццон мæстыйæ дзуры’æви хъазгæ кæны, уый нæ бамбæрстон. Мæхимидæг стыхстæн — кæд æй истæмæй бафхæрдтон? Фæлæ мын Зæнгионы фырт мæ уæхскыл йæ къух æрæвæрдта æмæ бафарста: — Партимæ цæуылнæ цæуыс? Дисгæнгæ йæм кастæи — мæ хъустьиг не 'уУæн" дыдтæн. ^ — Бузныг. Дæ фæрцы колхоз тыллæгæй баф- сæст. Уыныс, иунæг лæджы боп дæр цас у! Уагæр ма ,нæ районы æппæт коммунисттæ дæр дæу хуызæт- тæ куы уаиккой. Хæхтæ иннæрдæм афæлдахиккам. Дæхæдæг куы лидзай дæ куыстæй, уæддæр дæ æз пæ ауадздзынæн. Ныггуыбыр дæи фырæфсæрмæй, мæ сæр мыл зылди. . — Де ’рдхордмæ дæ цæст дар,— йæ ныхас дард- дæр кодта; Зæнгионы фырт.— Æрфæнæй зæгъын. Дзибис æмæ дын æй уый хуызæттæ дæ къухæй куы байсой, уæд цы, зæгъдзынæ!?' Æрдæбон .æрдузы. цы федтам, уый хуымæтæджы пикник нæу. Ис ахæм !карз низтæ буарыл чысыл, уæлæнгай, щæст хъуыды дæр кæй не ’ркæны, ахæм чысыл стъæлфæййæхи чи схъæр кæны. Æз йемæ ныхас кодтон цалдæр хатты лæгæй-лæгмæ... Цыма фæрæдыдтæн, сæрдарæй йæ 148
кæй равзæрстам, уымæй, афтæ’ дæр’ мæм фæкæсы пуæй-пу хатт. — Нæ, Æрфæп йс 'уУæпк 11æ бахæрдзæн,— фн- дарæй загътоп æз. — Фендзыстæм,— Зæнгионы фырт арф ныуулæ- ’ фыд.— Хъару йæм ис, зопд æм ис. Цы кæнын хъæ- уы, уый, зоны. Фæлæ мæм йæ тых ивылд донау кæ- сы: йæ былтæй куы ракæлы, уæд зиан дæр æрхæссы. Зæнгионы фырт цæуылдæр ныхъхъуыды кодта. Æрæджиау фидпсгæнæгау загъта: — Нæ кастæ, цы митæ кодта! Мæ удæгасаей Дзи- бис бирæ пал фæкусдзген. Хъæдæй æрыздæхтыстæм изæрырдæм. Нæ маши- пæ донгæрон баййæфтам пунæгæй; æвæццæгæн, Æр- фæнитæ раздæр ацыдысты. Зæнгионы фырт мæ ба- ласта мæ тæккæ хæдзармæ. Уыцы бон мæ царды тæккæ амондджындæр бонтæй иуыл банымадтаин, нæ балды фæндаг ,нæ уыцы æнæхайыр æрдузмæ куы нæ бахастаид, уæд... Æз зæгъын — «бон». Йе ’хсæв та уыди æвирхъау. Цай цымдтон, афтæ дуар æрбахостæуыд. Сау хабарау мæм сау фæлысты æрбацыди хæстбойноп сылгоймаг. Р1æ къаба дæр сау, йæ сæрбæттæн дæр сау, йæ цъындатæ æмæ йæ къахыдарæс дæр сау. Сау, сау, сау! Уый уыди Æрфæны бинойнаг Заретæ. ’Фæ- тарстæн дзы, афтæ сфыдхуыз, .кæдæй йæ нал фед- тои,4 уæдæй нырмæ. Сывæрджын нæу, зæгъгæ, къæ-' цæл æй фæхуыдтаис. Йæ рæсугъд цæсгом бампылд,,, йе стыр цæстытæ тарст, æмæ дзæгъæл каст кодтой. Æнæдзургæйæ сбадти стъолы фарсмæ, бирæ фæкас- ти йæ къæхты бынмæ. — Фервæзын нæ, кæн, — æрæджиау хъæрзæгау загъта. Иæ’бон сдзурын пицыуал баци — богъ-бо- гъæй ныккуыдта. ч х . 149
Æз лæууыдтæн йæ уæлхъус цавддурау. Стъолыл ауыдтон мæ æрдæпцымд цайы агуывзæ, æ’мæ мæ сæ- ры ферттывта: «Дон!» Бауадтæн къухнамæ, дон æр- бадавтои. Заретæ дзы схуыпп кодта æмæ басабыр. — Дæу йедтæмæ, мах бинонты чи фервæзын кæна, ахæм адæймаг нæй,— райдыдта дзурын сылгоймаг.— Сæфæм... Мæхицæн нæ тæрсын — мæхæдæг дуры сæ- рыл дæр фæцæрдзынæн... Тæрсын мæ сывæллæт- тæн — Ацæмæз æмæ, Зæлцнæйæн... тынгдæр та амæн...— Заретæ йæ гуыбыныл йæ армытъæпæн хъавгæ æруагъта.— Амæн... Æвæццæгæн, сахъатджы- нæй райгуырдзæн...— донæй та схуыпп кодта, кæуын- дзæг йæ хъуыры фæбадти.— Æмæ ма уæд мæ цард цы у? Æз^.цы мæстытæ æййафын, уыдон уæдæ,\йæ -гуырдзыл нæ фæзындзысты?... Де ’мбал... Æрфæн... Цы нæ нын бавзарын кодта! Хæдзармæ нал цæуы. Куы ’рцæуы,- уæд та æмбисæхсæв æмæ расыгæГг. Æмæ хыл бацайдагъ иæййы. Мæн аххосджып кæ- ны... Заретæ мын кæрæй-кæронмæ фæкодта хабæрттæ... Æз æй бадгæ фæуагътон æмæ разгъордтон уынгмæ. Хорз, æмæ талыиг уыдн, ничи мæ уыдта. Мæ тых- мæ бонæй уадтæн. Мæ сæры цъæхахст кодта иу хъуыды: «Мæ иунæг æрдхорд, мæ зынаргъ адæймаг, ме ’фсымæр сæфы!» Мæ зæрдæ суынгæг, мæ цæссыг- тæ гæр-гæрæй нызгъæлдысты. *Фæмидæг дæн прав- ленимæ —уым нæ^ разынд. Уынджы уæзласæн ма- шинæ сцæйцыди, æмæ.йæ фæурæдтон. Æррайау ка- бинæмæ багæпп кодтон, шофырмæ кæсгæ дæр нæ бакодтон, афтæмæй йын загътон, кæдæм цæуын хъæ- уы, уый. 1 — Æвзæр хабар ма ’рцæуæд? — бафарста мæ шофыр, æмæ æз мæ сæр батылдтон, «о», зæгъгæ. ; Цалдæр мйнуты фæстæ ресторан «Ацæмæз»-ы 150
кæрты фæлæууыд нæ машинæ. Мидæгæй цыди за- рын — нæлгоймæгты бæзджын хъæлæстимæ сиу сты сылгоймæгты ’цъæхснаг хъæлæстæ. Къæсæрæй бахыз- тæн æмæ ауыдтон Æрфæны, абон æрдузы кæимæ уы- ди, уыдоны астæу спюлы уæлхъус бадгæ. Хæстæг æм бацыдтæн æмæ йын ~йæ цонгыл хæрдмæ схæцыд- тæн. Уый мæм, скасти æмæ фæгæпп кодта, йæ хъæ- бысы мæ æрбатыхта. Æз мæхи суæгъд кæныныл цалынмæ архайдтон, уæдмæ мæ цурмæ æрбацыд Дзибис, шампайнаг • сæнæй дзаг фужер йæ къухы: — Æмбæлæггаг. - ’ у Нуазæн ьы йæ къухтæй раскъæфтон æмæ йын æй йæ тæккæ цæстытыл басæххæтт кодтон. Фæсонт, цы ’рцыди, уый цалынмæ йæ зондмæ хъардта, уæдмæ Æрфæны йæ цонгæй раластон мæ фæдыл фынгæй. Цыдæр æбуалгъдзинад мын мæ зæрдæ сырхзынг æф- сæйнагау асыгъта — уый уыди Дзибисы лыстæг цæс- тыты нозтæй сырх марг. Иæхи мыл æрбаппæрста, фæлæ йæ Æрфæн йæ астæуæй ацахста. Схъуырду- хæн сты. Æз лæугæйæ аззадтæн. Сылгоймæгтæй иу, абон æрдузы калмæй чи фæтарст, уый цъæхахст код- та, иннæ дыууæ та кæл-кæлæй худтысты. Райпойы кусæг æмдзæгъд кодта, æдзынæг мæм касти. — Осса! Осса! — зарæгау дзырдта уый.— Ныр- тæккæ дæ ’къалатийы ауазал кæндзысты. Ооса! Ооса! Уазæг нæлгоймæгтæй иу фынгæй сыстад, иннæ йын йæ цонгыл ныххæцыд. Фæлæ уый йæхи ратыдта *æмæ мердæм сабыр къахдзæфæй .æрбацæйцыд. Уы; цы рæстæг мын Разитæ мæ цонг ацахста, рахæцыд мыл размæ, чидæр та мæ фæсте схуыста. Фæмпдæг мæ кодто-й боцкъатæ, асыччытæ æмæ æндæр дзаумæт- тæй дзаг хатæны. * — Ам уал алæуу, æз сæ иыртæккæ басабыр кæн- дзынæн,— загъта Разитæ æмæ феддæбыл. Дуары 151
гуыдыры дзыгъал-мыгъул ссыди, æвæццæгæн æй дæ- гъæлæй æхгæдта. Ме ’муд куы ’рцыдтæн, уæд мæ комкоммæ лæугæ федтон... Кафетæйы. Ахæм рæсугъд чызг никуы федтон мæ цæрæнбонты. Фæлæ æз дис кодтон, мæ цуры æваст кæй февзæрд, ууыл нæ, фæ- лæ.мæм Ноннæйы хуызаён æппындæр кæй нал фæ- касти, ууыл! Йæ сагъæсхуыз стыр цæстытæй мæм æдзынæг касти, цыма, чн дæн, уый æрхъуыды кæнын нæ фæразы. — Гуйман, ды иунæг дæ, уыдон — бирæ... Ницы сын бакæндзынæ... Дзурын мæ бон куы уыдаид, уæд загътаин: «Æз иунæг нæ дæн, ды кæддæриддæр ’уыдтæ мемæ...» —, Дæ писмо дын куы бакастæн,— загъта Каф’е- тæ,— уæд мæм хъыг фæкасти, цавæрдæр Ноннæйы кой кæй, кодтай... Ныр бамбæрстон, дæу хуызæн адæймаг кæй уарзы, уын хъуамæ мæнæй бирæ рæ- сугъддæр æмæ хуыздæр уа... Дзурын мæ бон куы уыдаид, уæд загътаин: «Æмæ дунейыл ахæм сылгоймаг ис, дæуæй рæсугъддæр æмæ зондджындæр чи уа? Хæрзсаби ма куы уыдтæ, уæд дæ ссардтои Ноннæйы хуызы, цæмæй дæ дæ чындздзон чызджы кары базонон æппæт сылгоймæг- ты æхсæн...» — К’æм уыдтæ æртæ азы дæргъы? — бафарстон æз. - — Кусынмæ ацыдтæн, кæдæм мæ æрвыстон, уыр- дæм. Ныр отпусчы дæн. Фæсдуар цыди ’ хылы уынæр. Хъуысти Æрфæны хъæр: — Уæдæ ма .йæм исчи бавналæд! Никæмæн пых- хатыр кæндзынæн! Ма мæ къахут! \ Дзибис:. 152
— Мæ бафхæрд ын нæ батайдзæн! Фæлтау—мæ* лæт! Хылы хъуырдухæн, гуыппытæ, хъæр дуармæ хæс- тæгæй-хæстæгдæр кодтоп. Кафстæ зыр-зыргæпгæ: — Тæрсын... — Ма тæрс. Æри мын дæгъæл. —" Дуар æдде æхгæд у. Дæгъæл мамæмæ ис. Ку- рыи дæ, ма сæм ацу! — Уæд афтæ фенхъæлдзысты, цыма сæ тæрсгæ кæнын. Уыдоп та æндæр ницы хъæуы. — Фыццаг дæ куы фёдтон, уæд бынтон æндæр уыдтæ. Мæ тых-мæ , бопæй дуар пьптуыпп кодтон къа- хæй — фегбм. Къæсæрыл хæбæцц æрлæууыдтæн: — Кæй фæнды хыл кæнын? Мæнæ дæн! Æрмæст æддæмæ цом! I — Кæлмыты се ’мбæхсæн хуынчъыты фæма- рынц! — фæхъæр кодта Дзпбис æмæ йæхи ратыдта Æрфæны къухтæй. Фæлæ æваст фæлæууыд—йæ ри- уыл сбыцæу уæзласæн машинæйы дæгъæл. Не ’хсæн кæцæй февзæрд, ардæм мæ чи сласта, уыцы шофыр? Цы хорз ып ракодтои,'мæ сæрыл йæхи мæстæйдзаг цæмæн кæны? Уæйыджыйас лæг, фæсномыгæй йæ Бола хонынц, дæгъаел дыууæрдæм разил-базил кодта Дзибисы риуыл, цыма дзы хуынкъ .агуры. — Нозтджын дæ, Дзибис,— дзуры уый,— ацу дæ хæдзармæ. Мæнæ дæ уазджыты-дæр акæ. Хъыпп-сыпп сæ никæмæй схауд. Уазджытæ сæхи -сабыргай айстой. Дзибис дæр сæргуыбырæй ацыд сæ фæдыл. Æз æнæдзургæйæ райстон Болайы къух. Фæстаг «хæрзæхсæв» загътон Кафетæйæн. Стæй ра- цыдыстæм Æрфæнимæ. 153
-— Дæ машинæ^ам уадз,— загътон Æрфæнæн.— Сбад мæнæ мæ «газичы». Нозтджын дæ. Æрфæн мæ коммæ бакастн, æиæдзургæйæ сбадти мæ фарсмæ. — Кæдæм мæ ласыс? — фæпдагыл мæ бафарста. — Зæнпюиы фыртмæ. — Цæмæн? — Дзи’бисимæ цыдæрйддæр бакодтат, уый йын дæхæдæг сыгъдæгзæрдæйæ радзурдзынæ. Æрфæн дзæвгар рæстæг ницы сдзырдта, цыма йын йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп хъуыстон, афтæ мæм фæкаст. — Дæ машинæ фæстæмæ раздах. — Нæ. Дæ уды фервæзыны иуиæг ^гæнæнæй ни- чердæм уал ис аздæхæн. — Раздах, зæгъын æз! — Ницæй тыххæй! — Хъус-ма, Гуйман,— зæххы бынæй райхъуысæ- гау райхъуыст Æрфæны хъизæмайраг^ фæсус хъæ- лæс.— Зæнгионы фыртмæ. раджы бацæу.инаг уыдтæн, фæлæ мæм ныфс нæ разынд. Ныр байрæджы. Ныу- уадз мæ, цы ’рцыди, уый æрцыди. Æз æнæуый дæр уæлæуыл цæрджытæй иал дæп. — Æз дæр дын уымæй тæрсын. Дæ аххос сраст кæнынæн ма ис гæнæн. Æмæ дæ цард ногæй рай- дайдзынæ. — Дæу афтæ фæнды, æмæ мæ ахæстоны бами-, дæг кæной? — Раст тæрхон цы зæгъа, уый уыдзæн. — Дзибис х дæ хуымæтæджы калм нæ хуыдта. Куыд цъаммар дæ! - Æз ын ннцы загътон, æрмæст газ тьшгдæр иыл- Чхъывтоп. \ \ 154
— Мæ сывæллæттæ та? Уыдоныл ахъуыды код- тай? Заретæ — хæстбойнон. — Мæн фæнды, цæмæй дæ-сывæллæттæн уа сыгъ- дæгæфсарм фыд. Тыхсын сæ нæ бауадздзынæн, мæ- хи цастæ хъæуы? Мæ фæллой уыдон фаг дæр у. Райхъ’уыст Æрфæны мæстæлгъæд худт. — Мæ сывæллæттæ дæумæ æрхаудысты? Ды цы кæиыс, æз ’уый хорз æмбарын! Зæнгиопы фыртнмæ хуымæтæджы нæ балымæн дæ. Мæн — ахæстонмæ, дæхæдæг та — мæ бынатмæ! Фæстæмæ раздах!!! , Æрфæн фæлæбурдта рулмæ, æмæ ницыуал бам- бæрстон. Æрмæст ма кæцæйдæр дардæй фæцыди æб- уалгъ гуыпп... Ныр хуыссын гипсы æвæрдæй. Мæ уидаг ма цар- дыл хæцы, хъуыды кæнын æмæ ма мысын мæ бон кæй у, æрмæст уымæй.Рынчынфæрсæг мæм цас æмæ цас адæм цæуы! Суанг ма, мæхæдæг кæй нæ зыдтон, ахæмтæ дæр... Æнхъæлдæп мæ хъæубæстæ уарзтой! Æз та афтæ æнхъæлдтон, кæд мыл сæхинымæр худ- гæ кæнынц... Иубон мæм медициион хо æрбацыд. Æргуыбыр мæм кодта: — Гуйман, хъусыс мæ? Иу сылгоймаджы фæнды дæ фенын. Æз мæ сæр батылдтон. Палатæмæ æрбацыди... Бисмарк... Иæ деканаты секретарь. Студенттæ йæ афтæ хуыдтой фæсаууонмæ. Нæлгоймаджы хуызæп уыди æцæгæйдæр—дæргъдзæс- гом, дыргъроцъо, ’йæ фындз дæр цыргъ æмæ къæдз. Æз æм мæ мидбылты бахудтæи — æхсызгои мып уы- ди йæфенд. Мæ сынтæджы цур бандоыыл сбадти, йæ цæстытæ сæрфта къухмæрзæнæй, йæ фыидзы футт-футт дæр-иу райхъуыст. — Уыцы писмотæ,.. æз уыдтæн, æз сæ фыстон... Ма мæм смæсты у... 155
Ах, Бисмарк, Бисмарк! Ды куы зоннс, æз уыцы писмотæм’куыд æнхъæлмæ кастæн!.. — Бузныг,— загътон æз æмæ йæм бахудтæн. Хъуыды ма кæныи, Бисмарк куыдта æмæ цыдæр- тæ дзырдта, фæлæ куыд’ ацыди, уый пал базыдтон. Æвæццæгæп, бафынæй дæн, йе та сæпттæ ’цæгъдып райдыдтон. Уыцы бон та мæм æрбацыди Зæнгионы фырт... * ’ — Гунман, хъусыс мæ? — мæ ныхыл мын, йæ ар» мытъæпæн æрæвæрдта.— Æз дын рекомеидаци пыф- фыстон партпмæ... . * :}: * > Гæдыйы уд-доын ис — цæргæ баззадтæп. Дзæ- пæтмæ никуы тагъд кодтон, мæрдты бæсты дæр иæ буц ’хистæртæн дзæбæх кæстæртæ ис, кæд сæ мæ сæр уыйас æхсызгон нæма хъæуы. Хъазын хъазып у, фæлæ мæ адзалимæ хæрхæмбæлд куыд фæдæн, ууыл ма ныр дæр куы айъуыды кæнын, уæд мæ сæры- хъуыптæ арц сбадынц. Хуымæтæджы нæ акæнынц — æвзæр йæ удæн тæрсы. Фæлæ хъуыддаг æрмæст уый мидæг нæй. Мæ мæлæт расайдтаид йæ фæдыл æндæр мæлæт дæр — Æрфæн йæхицæн исты кæй бакодтаид, ууыл гуырысхо дæр нæ кæнын, фæлæ, зæгъæм, цæр- тæ баззади—, уæддæр удæгас мардæй йæ бонтæ æх- ’сыдтанд. Куыд хорз -у, нæ дыууæ дæр уыцы фыдбы- лызæй, кæй фервæзтыстæм!.. Цæр, Æрфæн, цæр! Куыст пын бнрæ пс уæлæуыл — дæ рæдыд нæ сраст кæнып хъæуы. Мæпæн ныртæккæ мæ лæдзæг куыд æххуыс кæны цæуынæн, афтæ дын æххуыс кæндзæн нæ æрдхорддзинад дæ ног фæндагыл фыццаг къах- Дзæфтæ акæнынæн. Æз дæр иыр ногæй зæххыл цæуып ахуыр кæныи... Мæ фадхъул ма мæ чысыл хъыгдары — стæгæй схъпс 156
фæхаудта æмæ ма æхсæбыгæтты йæ асдзæгъдынмæ райхъал вæййын. Фæрсчытæ баныхæстысты, ба’нди- дзыдтой, галиу цонджы стæг цæхгæр саст уыди, фæ- тасæнæй уæлдæр, ныр уымæн дæр ницыуал у, æн- гуылдзтæ дæр дзæбæх змæлын байдыдтой. Æрмæст уынгмæ нæма цæуын—цæмæдæр гæсгæ адæмы æх- сæнмæ мæ цæсгом нæ хъæцы. Рынчындоны мæ, цас æмбæлди, уымæй фылдæр фæдардтой, хирург мæ нæ уагъта — уæхимæ дæм фæкæсæг нæ уыдзæн. Лæ- дзæгимæ дзæбæх цæуын куы райдыдтон, уæд мæ ра- фыстой. Хирург Мурат (Уæдæ цы диссаджы хорз адæмтæ цæры, зæххыл! Цал æнæхуыссæг æхсæвы арвыста’мæ уæлхъус!) загъта: — Ныр та дæ дохтыр уыдзæни рæстат пæхæдæг. Рыичындонæй мæ нæхимæ æрласта Чагъд æххуы- сы машинæ. Нæ кулдуармæ—стыр кæрз бæлас, йа? аууоп хæц|цæ кодта суапг уынджы шшæ кæроимæ — хур аныгуылынтыл уыди. Цьиуызмæлæг пæ уыдн иæдæр кæрты, нæдæр уынджы. «Цæй мæгуыр у, хæс- тæг, къабаз к<æмæи нæй. Рацыдтæн рыичындонæй, æмæ мыл иу куыдз рæйæг нæй». Ацы хъуыды мып ницы уыйас бавнæлдта мæ зæрдæмæ. Æхсызгон дæр м’а мын уыди, ацы минут иунæг кæй дæн, цæстдарæг мæм’кæй нæй, цыбырдзырдæй, бирæ рæстæг кæмæй фæцух дæн, уыцы хæдзароп сæрибарыл рагои æрд- хордау бацин кодтон. Фæлæ мæ цпн бирæ нæ ахас- та. Мæ фатеры къæсæрæй куы бахызтæн, уæд æваст мæ зæрдæ ныккæрзыдта — уыди æнуд æмæ æрхæн- дæг. Æнæфснайд уатæй мæм , цыдæр азымхæссæг цæстау æдзынæг касти, æмæ фæкомкоммæ дæн; ры- джы тæнæг фæлм кæуыл æрбадти, уыцы стъолмæ. Фæрсæй-фæрстæм ыл лæууыдысты дыууæ агуывзæ- йы, иуы — доны хуыпп, иннæйы та — сау цай æмби- сы онг æмæ чысыл уидыг. Хуры фæстаг тын æрттыв- 157
та йæ фарсæй — уый мæм фæкасти кæйдæр æдзынæг цæстау.чМæ зæрдыл æрбалæууыд уыцы изæр, Заре- тæйы сау æндæрг... Рынчындонмæ фехъуыстон: ’ са- джы лæппыны хуызæн æнæниз лæппу йын райгуыр- ди... Мæ фæнд конд уыди: куывд ын мæхæдæг кæн- дз’ынæн. Фæлæ мæ ныртæккæ цыдæр фæндон сулæ- фын нæ уагъта, суынгæг мæ зæрдæ, æдзæрæг хæдза- ры тынгдæр банкъардтон, ныртæккæ мæ Æрфæн куыд тынг хъæуы, уый. Джихæй лæууыдтæн дуаргæ- рон мæ лæдзæджы æшцой, мæ бон сызмæлын нæ уыди. «Мæ тæнзæрдæ — мæ сафæг!» Тарваз бахос- тон æмæ хъæрæй бафарстон: «Уазæг нæ уадзут?» «Мидæмæ!» — загътон мæхицæн,æмæ мæ лæдзæджы къуыммæ баппæрстоп. Къуылых-къуылыхæй бацыд- тæн рудзынгмæ, уæрæх æй, байгом кодтон.-Изæры сатæг уæлдæф æрбакалд, рудзынджы æмбæрзæнтæ пæр-пæргæнгæ сæхи хæрдмæ систой. Мæ къухтæ фæйнæрдæм айвæзтон, мæ риуы’ ’мбæрц пыуулæфыд- тæн. «Исты архай!» — загътон мæхицæн. Фæстæмæ раздæхтæн къæсæрмæ. Æрбахизæпы лæууыди пъол- æхсæи* хæцъил, зæропд æрчъиагау ныкъкъæрис. ,Бед- райы дон рауагътон, ныуудæстон æй. Куыддæр пъол- тæ æхсынмæ бавнæлдтоп, афтæ дуар æрбахостæуыд. Мидæмæ æрбахызт... Бисмарк. Æнæхъыпп-сыппæй йæ нæлгоймаджы стыр пъартфел дуармæ æрæвæрдта, йæ къахыдарæс феппæрста, йæ къабайы дыстæ ба- фæлдæхта. Æиæхъыпп-сыппæй мын мæ хæцъил мæ- къухтæй райста æмæ пъол æхсыныл ныллæууыд. Æз æм джихæй кæсын, мæ къухтæй дон тæдзы, цы кæ- нон, уымæн ницы æмбарын. • — Нателæ Дзахоевнæ... ^ Бисмарк мæм фæстæмæ дæр нæ фæкаст, йæ куыст кæны, афтæмæй уайдзæфгæпæгау дзуры: — Гуйман, æддæмæ уал ахнз, ма мæ хъыгдар. 158
. Йæ фæндоныл дыууæ нæ загътон. Нæ зоньтн, дуаргæрон мæ цас лæууьш бахъуыди, фæлæ мыл цыма рæстæг æгæр ныддаргъ. Æрæджиау райхъуыст мидæгæй: _ — Фæдæи, рацу! Мæ хæдзар афтæ æфсиайдæй ’никуыма федтон. Алцыдæр уыди йæ бынаты, тæмæнтæ калдта стъолы полировкæ, йæ уæлæ агуывзæты бæсты фæзынди хру- стал вазæ бур апельсинтæй йæ тæккæ цъуи- дзаг — рынчынфæрсæг афтидармæй чи цæуы? Суанг ма мæм зæроыд диван дæр рæсугъддæр фæкасти, аф- тæ дзæбæх æмæ йæ бæстон бамбæрзта Бисмарк сгæл- лад тæнæг хъуымацæй. Бандоныл ауыгъд уыдысты мæ хæдон æмæ галстук, уыдон дæр цыдæр фесты, æвæццæгæи сын сылгоймаджы къухтæ ссардтой хуыз- дæр бынат. Бисмарк йæхæдæг, бадти стъолы уæл- хъус, йæ къухтæ йæ хъæбысы кæрæдзиуыл æвæрд, йæ сæр йæ уæхскмæ æркъул, афтæмæй касти йæ къæхты бынмæ. — Рынчындоны мын загътой... Æмæ дæ фæд-фæд рацыдтæн. — Бузныг. — Æри мын мæ писмотæ. Æз сынтæд^кы бынæй раластон чумæдан æмæ дзы систон, кæддæр мын афтæ зынаргъ чи уыди æмæ цæстыгагуыйау ,кæй хъахъхъæдтон, уыцы писмотæ. Йæ цуры йын сæ стъолыл æрæвæрдтон. * Бисмарк стъолы бынмæ нывнæлдта, йæ пъартфел систа йæ хъæбысмæ, писмотæ дзы бафснайдта. — Ды хæрзаг зæгъыс, ацы æдзæсгом уазæг кæд ахъуыдты уыдзæн ардыгæй... Æз ницы дзуапп радтон, сбадтæн стъолы уæл- хъус йæ комкоммæ,— афтæ кæй нæ хъуыды кæпын, уый бавдисынæн хуыздæр ницы æрхъуыды кодтон. 159
— Тыиг мæм мæсты кæныс?— бисмарк мæм коМ- коммæ касти йæ лыстæг цъæх цæстытæй. — Цæмæн дæм хъуамæ мæсты кæнон, Нателæ Дзахоевиæ? — Ацы, писмотæн æндæр кæйдæр фыст æнхъæл уыдтæ, æндæр сæ абоны онг арф æм’бæхстæй нæ дардтанс. — Уыцьт инсмотæ мып зынаргъ уыдысты, иыр- тæккæ дæр мын зынаргъ сты. — Уæдæ сæкуыд æнцонæй радтай? — Дæхæдæг сæ бацагуырдтай. — Зынаргъ дып уыдысты, уый. зонын, фæлæ ма дып ныр дæр зынаргъ цæй тыххæй сты, уымæн шщы æмбарып.-Уæвгæ, уый бамбарæи дæр ис. Царды æн- къарæпты йедтæмæ ницы ис. Æмæ дæу-хъуыдысты æмæ хъæуынц мæ сусæг писмотæ сæхæдæг нæ, фæ- лæ дæм цы æнкъарæнтæ сæвзæрын кодтой, уыдон. Чн сæ фыста, уый та маймули дæр фестæд. Раст нæ зæгъын? Дæхицæн ма зын кæн, маЦы дзур. Зæрдæ- вæрæп ныхæстæ мæ нæ хъæуы... Мæнæн дæр æхсыз- гон уыди сæ фыссын, дæуæн сæ кæсын куыд æхсыз- гон уыди, афтæ... Ды дæр мæ ницы дарыс, æз дæр дæ ницæмæй дæнхæсджын. Æз фыдуыпд сылгоймаг дæн, мæхæдæг дæр æй æм<барын, дæу аккаг нæ дæн. Æмæ уым дæу аххос цы ис? Фæлæ ды — ныббар мын ме ’ргом дзырд — ды... рынчындонæй цæнкуыл- тæ æмæ уæнгхъуагæй куы рацыдапс, уымæ куыд тыиг бæллыдтæп, уый куы зонис, уæд мын ацы ран дæхи дыууæ къухæй мæ къубалыл бахæцис... Уæд мæ цард сбастаин демæ, фæрсгæ дæр дæ пæ бакодтаин... Уæд мæ бар цыдапд дæуыл. Уæд федтанс, Бисмарк (фæс- аууонмæмæ афтæ кæй хонут, уый дæр тынг дзæбæх зопып), Бис-марк (ха-ха) куыд уарзы, уый. Уæд федтаис, дæ цардæп мæ цард куыд лæггад кодтаид, 160
уый. Фæлæ фембылд дæн, фæхæрд дæн... Хъысмæт мæнæн ахъазгæнæг никуы уыди. Хæрзбон! Дуары гуыгп æмæ апельсинты тæф. Æндæр нщы- уал аззад Бисмаркæй. Афтæ мæм фæкасти уæд æмæ бацин кодтон., Фæлæ дзæгъæлы. Бисмаркы фæд, æн- цонæй чи’ æрбайсæфа, ахæм нæ уыд: йæ ныхæстæ мын æхсæв-’бонмæ мæ цæстытæ æрцъынд кæнын нæ бауагътой. Фыццаг мæмхудæг кастысты, стæй мыл тас ’бафтыдтой. Æххормаг цæрæгой йæ гуыбын баф- садыны тыххæй куыд ницæуыл бацауæрддзæн, афтæ Нателæ Дзахоевнæ дæр йæ уарзондзинады сæрап- понд цæттæ у, алцæмæ дæр... Цалдæр боны фæстæ æрлæууыдтæн тæрхоны цур æвдисæнæй. Куыддæр къæсæрæй бахызтæн, афтæ фæкомкоммæ дæн стыр къæлæтджын бандоны герб- мæ. Тæрхонгæнæг уыди æрыгон нæлгоймаг. Иæ сæ- рыхъуынтæ, æвæццæгæн, лæппуйæ сурс сты, æмæ йæ азтæй дзæвгар хистæр зынди, кæд йæ цæсгомыл иу æнцъылд дæр нæма уыди, уæддæр. Йæ фарсмæ бад- джытæй иу — аЦæргæ сылгоймаг — цæмæдæр гæсгæ мæм ахуыргæнæджы хуызæн касти, йæ мидбылты худти, йæ сæр тылдта, цыма, цы зæгъдзынæн, уый рагацау зыдта æмæ мæ разæнгард кодта дзурынмæ. Иннæ тæрхоныбадæг уыди кусæг чызг, ,йæ риуыл — коммунистон фæллойы хъазуатоны значок. Уый цавд- дурау æдзæмæй бадти, фæлæ мæ бацыдимæ уымæн дæр йæ цæсгом фæрухс. «Тæрхоны цур мæнг æвдисæн бакæныны тых- хæй, — райдыдта сæрдар, — ды дзуапп дæттыс ^СФСР-ы Уголовон кодексы 181 статьямæ гæс- гæ...» ’ , Мæ цæсгом тугæй куыд дымсы, тæнгъæд кæм фæчындæуы, ахæм мигæнæпау куыд уæззау кæны, уый афтæ тынг æнкъардтон æмæ фырадæргæй фæ- 11 Гуйман 161
кастæн иуварсмæ. Къуымы хицæн хатæнгонды бад- тысты Æрфæн, Дзибис, Агуыбе æмæ æртæ нæлгой- маджы — никæй дзы" зыдтон. Сæ фæйнæфарс лæу- уыдысты дыууæ милициоиеры. Фсмдзаст дæп Æр- фæнимæ. Тæригъæд мын ахгæдта мæ хъуыр, æрлæ- мæгъ мын кодта мæ уæнгтæ, мæ комыкъултыл .бан- къардтон, адджынад дæр кæм вæййы, ахæм зæрдæ- хæццæгæнæн маст. Цæстыты хæрвы абадт уæззау донхæрв. «Худинаг!» — загътон мæхицæн æмæ’мæ хъуыр сыгъдæггæнæгау схуыфыдтæн. Æрфæн йæхи хуызæн нал уыди —царм æмæ дзы стджытæ йедтæ- мæ ницыуал баззад... Уыцы бон тæрхондоны цы бавзæрстон, уыйг мæ бирæ бонты æнцой нæ уагъта, æ^мтъеры гуыв-гуывæй мæ, хъусты азæлыд. Æмæ уыцы уынæры æппæтæй тынгдæр хъуысти ’ прокурор Дзæрæхохты Фнрузæйы хъæр: «Кæм пс дæ граждайнаг æфсарм, сæйраг аг- роном?! Ацы фыдгæнд æнæнхъæлæджы- цау у Цæ- ронты Æрфæны’ царды, зæгъгæ, нæ ууыл баууæпдын кæнынмæ хъавыс? Ницы дзы рауайдзæн! Колхозы раздæры сæрдар -йæ фыдгæндмæ цыди зæрдæ æмæ зонды барæй, дæсны къахдзæфтæй, иуварс кæнынмæ дзы нæ хъавыд! Дæ къух бафыстай, мæнг æвдисæп кæй нæ ныллæудзынæ, ууыл, дæхæдæг та фæдфæ’ли- вæн кæныс æмæ тæрхон мæнг фæндагыл æвæрыс! Æрфæн дын райкоммæ нæ куымдта уыцы æхсæв, ныццавта дæ, æмæ уыл машинæ афæлдæхтГ» Æз æдзынæг кастæн сылгоймаг-прокуроры æртæ- къуымои æгъатыр иыхмæ æмæ хатыдтон мс ’пæбоп- дзинад. — Æрфæпы нæ раст кæпып, фæлæ цы ныффыс- та, уый ныффыста йæ тæвдæй! Йæ рæдыд йæхицæн ныббаринаг нæу, æмæ йæ тынгдæр цæмæй бафхæрат, Ууыл кусы, йæхицæй йæ маст исы! Зæнгионы фырт- 162
мæ араст стæм - Æрфæнæн йæхп, фæндонмæ гæсгæ. Æхсæв мæйдар уыди, машинæ æгæр фæзылдтон фæн- даджы былмæ, æмæ ныл афæлдæхт. Æрфæн уыцы хъуыддаджы аххосджып нæу. Цалдæр боны фæстæ тæрхбн ахицæн. Æрфæнæн радтой цыппар ^зы ахæстону фæбадыньг тæрхон, Дзибис æмæ къуымбилисæгæн фæйнæ дыууадæс азы, Агуыбе æмæ иннæтæ дæр хъæстагæй нæ баззады- сты. Иубон ссыдтæн райкоммæ. Зæнгионы фырт мæм лæмбынæг хъуыста. — Дæумæ æрбацæуыны размæ бирæ фæхъуыды .кодтон. Хъæуæй мын цæугæ у. Бауырнæд дæ, тынг зын мын у мæ уарзон куыст ныууадзын, уæдæ адæ- мыл дæр ’сахуыр дæн, фæлæ æндæр гæнæн нæй. Хæ- дзарæй уынгмæ рацæуын нæ-уæндын, афтæ мæм кæ- сы, цыма цыдæр гадзрахат ми бакодтон. Хъæубæс- ты цур бæргæ ниц&Мæй къæмдзæстыг дæн, фæлæ кæд цыфæнды у„ уæддæр Æрфæны æнамонддзина- дæй мæнмæ дæр ’цыдæр азым хауы. Æмæ мæхицæн раздæрау æнцад-æнцойæ кусон æмæ цæрон йæ хæс- тæджытæ, йе ’мбæлттæ, йæ хионты æхсæи, уый мæ бон нæу. — Ныр га мæнмæ байхъус,— загъта Зæнгионы фырт.— Адæймаджы хиуарзондзинадæн ис бирæ хуызтæ. Де ’мбал бæллæхы бахаудта, æмæ уыцы бæллæхæн йæ тæккæ раст æмбис дæ рагъы куы нæ скæнай —’абабау — дæ хпуарзондзинад тъæппытæ ахаудзæи! Афтæ дæм пæ кæсы, цыма дæхи мæт дæр æгæр кæпыс дæ лымæны тыхст1л сахат: куыд уы- дзыпæн, куыд цæрдзынæи, куыд цæудзыыæн?.. Дæ бæсты æз мæхи æндæр хуызы бафæрсин: куыд уы- дзæн, куыд цæрдзæн, куыд цæудзæн? Чи? Æрфæни- мæ цы хъуыддаг райдыдтат, уый! Куыст! Æмæ уы- • 163
цы фарстатыл дæ цард куы сбæттай, уæд алцыдæр йæ бынаты сбаддзæн, хъæубæстæ дæм цы цæстæй кæ- сой, уый дæр уымæй аразгæ у. Æрфæн тыхджын’ адæймаг у, нæ фесæфдзæн. Ис ахæм адæмы хатт, æмæ сæ цалынмæ сæ рæдыд дзæбæх нæ басудзы, уæдмæ бæндæныл кафæгау дыууæрдæм цудгæ цæ- уынц сæ цардвæндагыл. Æрфæн дæр уыдонæй у. ,Уырны мæ — ахæстоны фæстæ йæ хъару æмæ йе ’фсармæй йæ ном æназым скæндзæн, раздахдзæн парти æмæ адæмы æууæнк. Уырны мæ. Фæлæ дæ хъуыдытæй мæ зæрдæ нæ барухс. Куыд зæгъыс, аф- тæ куы бакæнай, уæд æцæг рацæудзынæ гадзраха- тæй дæ хъуыддагыл дæр, дæхиуыл æмæ де ’мбалыл дæр, хъæубæстыл дæр. Стыр хъуыддаг чысыл тъы- бырттытæ нæ уарзы, гутон дзы арф ласын хъæуы! Адæм хъуамæ сæ зæрдæ фидарæй дарай: рæстдзина- дæн фæцудæн нæй мдх æхсæнайы. Адæм хъуамæ æу- уæндой хицауы сыгъдæгдзинадкл, æмæ сæ баууæн- дын кæн. Хицауы галиу мийæ тынгдæр ницæмæй риссы дзыллæ. Æууæнк, æууæнк, æууæнк! Мæнмæ кæсы уый сырх. тырысайы хуызæн. Хаста4 йæ Æр- ’ фæн, ды цыдтæ йæ фарсмæ. Æрхаудта йын, æмæ йæ сис, сис æй ноджы бæрзонддæр. Уый уыдзæн уæ хæ: лардзинады хуыздæр æвдисæн. Райкомы ис фæндон: ардыгæй колхозонты æвзарæн-дзуапдæттæн æмбырд- мæ уал дæхимæ райс сæрдары хæстæ... Дарддæр та (бæрæг уыдзæн. Нæхимæ куы раздæхтæн/ уæд мæ фындзыл ауад рæгъæд апельсинты карз а^мæ æнуд тæф. Бисмарк сæ вазæйы куыд нывæрдта, афтæмæй лæууыдысты стъолыл. Сæ цъæрттæ бампылдысты, ранæй-рæтты сыл урс хъуына фæхæцыд. Мæ хъустыл ауадысты Нателæ Дзахоевнæйы ныхæстæ: «Уæд федтаис, мæ цард дæ цардæн куыд лæггад кодтаид, уый...» Æмæ 164
мын мæ зæрдæ цыргъ судзинау фæрæхуыста æбуалгъ дзырд «лæггад». Бадæг чызг мæнмæ цы ахастдзннад дардта, уый æнгæс мæм фæкасти мæ зæрдæйыуаг Æрфæнмæ. Иу лæгæн—хуыцау дæр фестæд — лæггад кæнын у куы- дзы аккаг хъуыддаг. Лæггад кæнын хъæуы æрмæст рæстдзинадæн. Бнсмарчы апельсиитæ вазæйы рахас- тон уынгмæ, бырæтты къахты сæ нылпæрстон. Фæстæмæ мидæмæ куы баздæхтæн; уæд рудзгуы- тæ уæрæх байгом кодтон. Афтæ мæм касти, цыма мæ ивгъуыд цардимæ иунæг ацььæмбыд дыргъты æнуд тæф бæтты.. Мæ зæрдæ гуыпп-гуыпп кодта. Цинæй. Хъæуы кæй баззадтæн, уый цинæй. Бамбæрстон: або- нæй фæстæмæ райдайдзæн мæ ног цард...
Ш ЗЫАГ Бæдзег, Авдан æмæ æз мæхæдæг — Астан... Иу хъæуы, иу сыхы райгуы’рдыстæм. Бæдзег — сусæны мæйæн йæ райдайæны, Авдан — йе ’мбисы, æз — йæ кæрон... Цыбырдзырдæй, æмгæрттæ стæм, фæлæ уæддæр Бæдзег йæхи хистæрыл нымайы, исты хъуыддаг бахъуыд, зæгъгæ, уæд йæхи уынаффæгæ- нæг акæны. Мах дæр ын барæм,— кæд цыфæнды у, уæддæр нæ иу бон хистæр уæддæр у. Фæлæ хатгай йæ фæндыл куы нæ сразы вæййæм, уæд нæм ^рады- Гай расиды хъæбысæй хæцынмæ. Мæнмæ уый раст йæ кæсы, уымæн æмæ рагæй зындгонд у, махæй тЫх- джындæр'кæнч у, уый. Æмæ зонд ,та тыхджындæры сæрыл нæу. Стæй кæд Бæдзег хъæбысæй хæцынмæ не /ппæтæй дæсныдæр у, уæд згъорыимæ мæн ничи раййафдзæн. Къухтыл та нæ Астаны бæрц йæ фыны дæр! ничи ацæудзæн. Æмæ уæдæ спорты хъæбысхæс- тæй кадджындæр æмæ хистæр ницы ис, зæгъгæ, ни* 166
куы фехъуыстон. Мæнмæ гæсгæ кæрæдзи коммæ куы нал фæкæсæм, уæд хæлттæ сæппарынæй хуыздæр ницы ис. Уæд дзы зæрдæхудт дæр нæй æмæ тыхми дæр. Кæй хал схауа, уый фæпд ацæуæд. Фæлæ дын Бæдзег искæмæ ’хъусы! Цыфæндыйæ дæр йæ фæнд атæры! Мах ын бæргæ бацамониккам йæ бынат, фæ- лæ та нæ зæрдыл æрбалæууы, иучысыл нæ хистæр кæй у... Хъуамæ алыран дæр хистæр æмæ кæстæр уа, цард афтæ конд у, æмæ йын цы дæ зæрды ис? Стæй æнæ Бæдзег, раст зæгъын хъæуы, мæн фæнд- гæ дæр никæдæм фæкæны. Иуæй уыимæ ’ныфсджын- дæр вæййæм, иннæмæй та — хъæлдзæгдæр. Ныхъ- хъуыдты йæ уагътам — кæд йæ-зæрдæмæ афтæ тынг цæуы хистæриуæг кæныи, уæд хистæриуæг кæнæд. Авданимæ уый тыххæй’ ныхас нæ бакодтам, фæлæ æнæдзургæйæ дæр кæрæдзи æмбæрстам. Хъæуы лæп- путæ нæ’зыдгой, мах æрдхæрттæ кæй стæм, уый, æмæ нæм ничи уæндыд: Раст зæгъын хъæу’ы, иухатт мæн фæнадта дæлæсыхаг Ламбег, фæлæ уый махæй би- рæ хистæр у — ууыл цыппæрдæс азы цæуы, -махыл та фæйнæ дыууадæсы дæр нæма сæххæст. Нæмгæ та мæ цæуыл фæкодта? Кæцæйдæр сæ размæ сæфтыд- тæн. Сæ бал бæлас сæ кауæй йæ къалиу радардта, мæсгæймарæгау мæм æвдыста йæ сырхх гагатæ... Раст зæгъын хъæуы, уæд хæрынмæ нæма бæззыды- сты, фæлæ дзы иуæйгиутæ дзæбæх фæсырх сты. Изæрдалынгтæ уыди, ноджы алфамбылай хæстæг мæ цæст никæуыл æрхæцыд... Сгæпп кодтон, къалиу йæ сыфтæртæй ацахстон. Бынмæ йыл æрхæцыдтæн, сæв- нæлдтон, сырхытæ фылдæр кæуыл зынди, уыцы къа- бузмæ, фæлæ йæм дзæбæх нæ сæххæссыдтæн æмæ къалиу ноджы тынгдæр æривæзтон. Фæцыди къæрцц, къалиу йæхи йæ бынатмæ цы тыхæй ивæзта, уый уайтагъд фæлæмæгъ. Мæ зæнгтæ адон сты. Къалиу 167
фæуагътон, фæлæ пæхи хæрдмæ нал систа. Раст уы- цы, рæстæджы чидæр мæ сæрыхъуынтыл æрхæцыд. Æз мæхи фæуæгъд кæнынмæ бæргæ хъавыдтæн, фæ- лæ уæд сæрдзармæн дæр «хæрзбон» зæгъын бахъуы- даид. Фæстæмæ ракæсæн дæр мыи пæй, чысыл куы базмæлын, уæд мæ уд фæцæйхауы, афтæ тынг мын сæ снвазы, уацары мæ чи~ райста, уый æгъатыр къух. Бамбæрстон, дзæгъæл чъыллиппытæн дзы бынат иæй. Ныссабыр дæн, лæууын, арвмæ кæсын, афтæмæй. Уалынмæ мæ тæккæ ,фæскъæбут райхъуыст: — Гъы, куыд сты цъæх балтæ? Йæ хъæлæсæй йæ базыдтон: Ламбег. Мæ раны дæн уæдæ! Иухатт Додтийы куыд надта, уый дын •мæхи ’цæютæй куы нæ федтаин! Додти та Лам’бегæй дæр хистæр уыди, хъæуы дзы æмризæджы рызтысты йе ’мгæрттæ. Хатыр ракурын бæргæ æмбæлди, фæлæ мæ ’ сæрмæ нæ хастон мæхи тæппудæй равдпсын. Стæй мын мæ лæгъстæтæм хъусæг уыдаид, уый дæр мæ тынг нæ уырныдта. . — Суадз мæ, цæй! — бустæхуызæй загътон,— сæ- рыхъуынтыл пы ныддæвдæг дæ?! — Омæ хатыр бакæ, кæд дæ, миийаг, истæмæй батыхсын кодтон...— кæуынхъæлæсæй дзуцы Лам- бег. — Кæд, миййаг, балтæ дæ зæрдæ зæгъы? Ныр сæрыхъуынтыл йæ хæст нæ уадзы. Мæ маст куыд нæ рафыхтаид: мæ сæры дарм мын сисынмæ хъавы, ноджы ма мæ хъазгæ кæны. Гæды мыстæп куыд хъаза афтæ. — Суадз, кæннод дын хуыздæр нæ уыдзæн! — Æртхъирæн дæр ма мæм кæныс? [ Ламбег мын мæ сæр йæ сагæхты куыд,,ацавта, уый, уæл’лæй, æмбаргæ дæр нæ бакодтон. Къубал дзæбæх æрбалхъывта’ йæ уæраджы сæртæй. 1 — Ды дæ ныфс де- ’мбæлттæй хæссыс, фæлæ уæ 168
æз æртæйæ дæр -кæрæдзиуыл сбæтдзынæн. Ныр та уал мæнæ дæ мызд... Адæймаджы къух афтæ риссаг у, уый мæ никуы бауырныдтаид... Мæнмæ афтæ фæкасти, цьша фыццаг кæцæйдæр «дзæхст», зæгъгæ, райхъуысы, стæй Лам- беджы судзаг армытъæпæн мæ лæбæзыл дудгæ аны- хæсы. —, Уый дын давæггаг... Дыккаг цæф уыди ноджы риссагдæр. ’, — Уый дын; дыргъ цъæхæй кæй тоныс, уый тых- хæй... ’ , Æртыккаг цæф уыди æппæтæй æбуалгъдæр. — Уый та дын, къалиу кæй асастай, уый тыххæй. Хуыцауæн дæр æртæ чъирийæ фæкувынц. Ныр цæу- гæ уæ хæдзармæ! Цыма мыи хæдзармæ цæуын дæр уый амонын хъæуы! Лæг фырмæстæй тъæппытæ куыд нæ ахау- дзæн! Мæ цæстытæ донæй байдзаг сты, фæлæ мæхи- уыл ныххæцыдтæн, мæ кæуын иæ фæуæлбыл. Йæ разæй рацыдтæн, уæдæ -ма йæм цы хорзмæ æнхъæл- мæ кастæн? ,0, цас æнæуынон мын уыди! Фæстæмæ ’ма йæм^ракастæн. Уый хæцыди йæ сины сæртыл, мæстæймарæгау мæм йæ мидбылты худти. Никуы мæ ферох уыдзæн уыцы мидбылхудт. Бæргæ, йæ цахъ- хъæн, куы фæуыдаин! Уæд ын æз бацамонин, лæгæй хынджылæг скъæрын куыд хъæуы, уый... Уæвгæ, цы бæрæг, ис, лæдзæгæн дыууæ кæроны ис... Чи зоны, йе ’мгар куы уыдаии, уæд хъуыддаг æрмæст лæбæзы къæрпцытæй нæ ахицæн уыдаид. Додтийы чи фæнад- та,' уый мæнæн дæр исты хос ссардтаид. Ныр мьш æфсон уæддæр ис, мæхицæй хистæр у, зæгъгæ, фæлæ уæд бынтон худинаг куы басгуыхтаин!.. Цыфæнды фæуæд, уæ;иæр ^ахæм бафхæрдæп ныббарæн нæй. Фæлæ уыцы мппут цы ’рхъуыды кодтаии мæ маст 169
райсыны фæдыл? Мæ бон ын цы уыди? Ницы ской кодтон ме ’мбæлттæн. Иуæй мæм зын касти мæ ху- динаджы хабар; иннæмæй та аххосджын мæхæдæг уыдтæн. Цæмæн мæ хъуыдысты уыцы æнæхайыры цъæх балтæ? Ноджы чсъалиуы саст... Мæхæдæг мæ- ’ сты фæкæнын, лæппутæй исчи бæлæстæм ’фыдæв- нæлд ’куы фæкæны, уæд. Ныр знаггад бакодтон... , «Уадз æмæ абон афтæ фæуæд,— хъуыды кодтон фæн- дагыл цæугæйæ,— фæуæд... Фæлæ дын мæ маст нæ батайдзæн. Искуы лæгæй-лæгмæ сæмбæлдзыстæм...» Фæлæ уыцы «искуы» кæд уыд’зæн, уымæн ницы зыд- тон. Афтæ мæм каст, цыма куы сыстыр уон, уæд Ламбегæй бирæ тыхджындæр уыдзынæн. Мæ цæсты- тыл уади алыхуызон нывтæ, кæм хъæбысæй хæцæм, кæм боксæй... Кæддæриддæр-иу уæлахиз мæхæдæг уыдтæн. Фæлæ зæрдæйы рыст уымæй къаддæр нæ кодта... Мæ къах мæчнæ хæдзармæ нæ хаста. Тарстæп, мæ мад истæуыл куы фæгуырысхо уа... Мæхиуыл бæргæ хæцдзынæн, фæлæ æмбарын, мæ уынд нывыл нæу... Азылдтæн донбылтыл. Дзæвгар куы æрталынг, уæд , нæхимæ æрбаздæхтæн. Мæ чемы æрцыдтæн иучысыл. Нæ кулдуары цур баййæфтон Бæдзёг æмæ Авданы. — Кæм уыдтæ ныронг,— сбустæ мыл кодта Бæ- дзег,— мах изæрсарæй ардæм дæу куы агурæм!.. — Никуы уыдтæн,— мæхи бынтон æдыхстæй æв- дисыныл архайгæйæ загътон æз,— дæлæ дæлæсыхы лæппутимæ пуртийæ хъазыдтæн. - Бæдзег мæм хæстæг æрбалæууыд. Мæ цæсгоммæ мын æдзынæг ныккасти. 1 — Иал мæ фæсмæрыс? — бахудтæн æз. ’ — Хъус-ма,— тызмæгæй загъта Бæдзег,— ды мæ- нæн аргъæуттæ ма кæн. Чи дæ фæнадта? 1 — Мæн? 170
— Дæу, уæдæ мæн?! — Аргъæуттæ дæхæдæг куы кæныс,— загътон æз. Барæй схудынмæ хъавыдтæн, цæмæй сæ бауырна, рæдийгæ кæй кæныиц, уый, фæлæ’ мæ лæбæз æна- хуыр цъæхснаг рыст скодта, цыма та йыл Ламбеджы арм аныхæст, уыйау, æмæ куыддæр фæсыкк дæн... Стæй æнкъардæй бафарстон: —’ Чи уын æй радзырдта? Чи дæ федта, уый,— мæстыйæ загъта Бæдзег. Æвæццæгæн æм хардзау касти; пе ,'мбалмæ йын ис- чи кæй бауæндыд, уый. Авдан дæр йæ сæр.æруагъта. Тæнзæрдæ у, æвæццæгæн мын тæригъæд кæны. Æз та искæй тæригъæдæй мæ удхæссæг уынын. Фæлтау мыл Бæдзегау хъæртæ кæнæд. — Чи уын æй загъта, уый уæддæр зæгъут. Æви мын æй хæлæг кæнут,— сбустæ сыл кодтон. Мæ зæр- дæ æрбауынгæг. Фæтарстæн, мæхи куы нал ныууро- мон ме/мбæлтты раз, лæмæгъдзинад куы равдисон... Схуыфыдтæн. Мæ кæуындзæг нынныхъуырдтон. ’ — Дæлæ нын æй дæлæсыхаг Борик радзырдта... Лам’беджы сыхаг. Уый уæм сæ кæртæй касти...— æн- къардæй загъта Авдан, йæ сæр но;джы бындæр æр- уагъта.' / — Хæлиудзых! — загъта Бæдзег æмæ иуварсмæ ату кодта’. Мæ цурæй ацыд, кулдуары цæджындзыл йæхи бауагъта æмæ мæм æдзынæг касти уырдыгæп. Æз ын талынджы йæ цæстытæ пæ уыдтон, фæлæ’ сьнг цыдæр æгъдауæй хатыдтон сæ мæсты ’рттывд. — Уый хистæр у Астанæй! — лæбурæгау Авдаи бакъахдзæф кодта Бæдзеджырдæм.— Миййаг æй йе ’мгар куы нæ фæнадта, цæуыл ыл хъæртæ кæныс?!. — Æз ыл уый тыххæй нæ хъæртæ кæнын! — йæ къухтæ йыл стылдта Бæдзег дæр.— Бæласы къалиу цæмæн асаста! 171
— Æмæ ксты барæй уыдтæн? — мæ кæуын тых- хæй уромгæйæ зыр-зыргæнгæ хъæлаёсæй бафарстон æз. Фæлæ мын дзуапп ничи радта. Æз бадыдтæн кулдуармæ. Кæртмæ куыддæр фæцæйхызтæн, афтæ мын Бæдзег мæ цонгыл æрхæцыд. < Кæсгæ мæм нæ кодта, афтæмæй райдыдта: — Райсом дзы нæ маст райсдзыстæм...— Ай-гъай, æртæйæ хорз нæу, фæлæ уый хистæр у... Авдан иу- варсæй кæсдзæн-.. Мах та дыууæйæ йсмæ аныхас кæндзыстæм. , — Мæхи фаг дæр нæу,— фидарæй загътон æз,— мæхи бар æй бауадз. — Цæй, дæхицæй ма ’ппæл. Уæдæ кæм уыдтæ, дæ фæлмæнтæ дын куы рæгъæд кодта, уæд? Ламбег цы у, уый нæ зоныс? Æз ницыуал суæндыдтæн. Раст зæгъы Бæдзег — иугæйттæй, «комдзаджы» фаг дæр не стæм... Уыцы æхсæв суанг фæсахсæвæртæм нæ бафынæй стæм. Фæпдыди мæ, бон тагъддæр куы. æрбалæууы- даид. Мастисаён бои. Иуæй мæ тæрсын кодта, иннæ- мæй та сæрыстыр уыдтæн, мæн бафхæрын кæйдæр бафхæрынау æнцонæй кæй никæмæн тайы, уый рав- дисыны фадат кæй æрдыдн... Сæрыстыр уыдтæн ме ’мбæлттæй: зын сахат мæ иунæгæй нæ ныууагътой. Бафынæй дæп æмхæццæ хъуыдытимæ. Мæ фыны федтон: ЛамбеджьГфыд Тотыр мæ суры фæрæтимæ. Лидзын, фæлæ мын лидзыи не ’нтысы. Хатын, уый фын кæй у, уын, фæлæ йыл æххæст баууæндын мæ бон нæу. Æнæзæгъгæ тасæй рнзын æмризæджы. Фе- хъал дæн. Кæртæй æрбайхъуыст мæ мады загъд: , — Уый цафонмæ хуыст у? Дæуыйас лæппутæ пыр лæгтæ сты, хæдзардарджытæ! 1 Сыс’тадтæн. Рацыдтæн кæртмæ. Хур арвыл бæр- зоад ссыди. «Абон дæ мæ маст райсдзынæн, Лам- 172
бег!» — цыдЦ) тасæмхæццæ æхсызгондзинадимæ ахъуыды кодток æз. Фæлæ мæ фæцд фæсыкк. Райдыдта хæст. Хылтæм нæ нал æвдæлд. Нал нæ æвдæлд нæ хъазæн фæзмæ, нæ найæн хъуымтæм. Къуыммæ батылд порти. Хъæ- лы бæсты райстам ^рхсырф, лæдзæджы бæсты — са- гой. Куыстам колхозы быдырты ас адæмы æмрæнхъ. Нæ хъæуы нæлгоймæгтæй зæрæдтæ æмæ сабитæй уæлдай ничиуал баззад—ацыдысты хæстмæ. Ацыд ., мæ хистæр æфсымæр. Ацыдысты Бæдзег æмæ Авда- ны фыдæлтæ дæр. Мæнæн мæ фыд’дыууæ азы размæ амард. Мæ хистæр æфсымæр та Мурманскы денджы- зон скъолайы ’ахуыр кодта. Уый дæр ацыд хæцæг æфсадмæ... Хъæу фæсидзæрхуыз. Нæ сыхæй нал хъуысти изæ- рыгæтты фæндырьГ цагъд, зарын. Хæстон хабæртты йедтæмæ зæрдæ ницæмæуал дзырдта... Никуыуал федтон Ламбеджы дæр... Адæм хъус-хъусæй дзырд- -той, йæ фыд/ дам, дезиртир алыгъд Сау хъæдмæ. Ноджы æнæуынондæр мын фестади - Ламбег уыцы хабары фæстæ. Иæ къæртгæнын афон кæмæн æр- •цæуы æмæ йæ дудынæй чи нал фенцайы, ахæм сын- къау мæ хъизæмарæй мардта мæ маст исыны фæнд. Æппынæдзух мæ цæстытыл уади, Ламбег йæ сины сæртыл хæцгæйæ йæ мидбылты худгæ мæ фæстæ куыд касти... Кæд мын, миййаг, в тæригъæд кодта? Æнæмæнг! Бирæгъ. уæрыккæи куыд фæтæригъæд кæ- ны, афтæ... Бонтæ цыдысты, фæлæ ме знагыл мæ цæст пал хæст кодта. Мæ хъустыл æрцыди, цыма йæ дсзиртир фыдæн æхсæвыгæтты Сау хъæдмæ хæринаг фæхæс- сы... Кæдæм кæсы милицæ? Иуизæр быдырон фæндагыл хæрхæмбæлд куы фæуиккам. Æз æхсæвиуатæй .мусмæ най кæнынмæ 173
цыдтæн, уый хосгæрдæнæй цыди ,сæхимæ. Уыдис ыл стыр бур галифе хæлаф, йæ комæй^цыппар æнгуыл- дзы ^бæрц бындæр баст уыди йæ н/рæг гæрзын рон. Хæсты раз’мæ-иу ацы хæлаф йæ фыд Тотыр дардта... Æз æм æрлæууынмæ нæ хъавыдтан, фæлæ мæм уый дардэрн_ йæ дæндæгтæ пыззыхъ;уъыр кодта, цыма пæ уындмæ рагæй бæллын. Æрурæ^та мæ. — Гъæй, Астан, дынг мæсты мæм дæ? — Антъæр дæхи,— зæгъын,— мæ мастнмæ дæ ни- цы хъуыддаг ис. Фæиуварс ’кодтон, атындзыдтон мæ фæндагыл. Мæ цымыдисдзинад мæ, миййаг, ну æмæ дыууæ хат- ты куы нæ баппæрста къæппæджы. 1~1ыр дæр та фæ- кастæн фæстæмæ, цымæ, зæгъын, цы ми кæны. Уый дын йæ бынаты куы лæууид! Æдзынæгæй кæ-сы мæ фæдыл, йæ мидбылты та худы. Раст иубон куыд- дæриддæр худти, афтæ! Цæмæдæр гæсгæ мæм уыцы мидбылхудт йæ фыды бур талифе хæлафы хуызæн фæкасти. Æмæ иу мæ иæстытыл ауад йæ дезиртир фыд. Маст мын мæ цæсгытæ акуырм кодта, æнæуы- нондзинадæй мæ хурхуадындзтæ адæнгæл сты. Мæ сæр разылд. Чысыл-ма бахъæуа, мæхи йыл.ма ныц- цæвон. Фæлæ йæ сæрмæ мæйы æрдæгау æрттывта йæ фæтæнком цæвæг — æвæццæгæн, хос чысыл нæ фæкарста. Æмæ мæ туг уаптагъд ауазал. Разгъорд- тон жс тых-мæ бопæй пæ цурæй. Дзæвгар дзы куы адард дæн, уæд æрлæууыдтæи æмæ нæм мæ тых-мæ боиæй ныхъхъæр кодтоп: — Дс-зир-ти-и-ры ф:ы-ырт!! «Дезиртиры фырт, дсзиртиры фырт» — ^ардæй мьш мин хъæлæсæй мæ хъæлæс пыффæзмыдтоп Сау хъæды рæгътæ. Æмæ æвиппайды схсы цæфау-цъæхс- паг рыст атыхст мæ зæрдæйыл. Цы уыдн уыцы æвин- пайдьт фæзынæг æнкъарæн? Фæ^лон æви тæригъæд? 174
Абон’дæр æй \æ зонын. Фæлæ мæ уæд куыд тынг бафæндыд мæ хъæр ацахсып, фæстæмæ раздахын, цæмæй йæ . ма фехъусой ме знаджы хъустæ, фæн- даггæрон бæлæстæХ къуылдымтæ, ноткар-ст мæнæуы хуымæй цы уæрцц \тахти, уый... Фæлæ дзырд æмæ гоппы нæмыгæн фæстæмæ раздахæн нал (вæййы... Сау . хъæды фахсмде куы бахæццæ дæн, уæддæр ма йæ бынаты лæууыд\Ламбег. Дардæй ма мæм чы- сыл асндæргау зыпди и^æрдары фæлмы. Фæлæ мæм афтæ касти, цыма уыц\л гуырысхойаг мидбылхудт ныр дæр йæ цæсгомыл, х\ьазы. Æмæ та мæ цæсты- тыл ауад йæ ф-ыды бур га))ифе хæлаф. Æмæ мæ зæр- дæйы æрдæбон цы чысыл '1тæригъæды тæпп фæзынд, уый уайтагъд фестад æнæуынондзинад... ( ’ Ууыл ’Къуырн рацыдаид, афтæ мæм пуизæр ме ’мбæлттæ фæзыпдысты. — Ницы фехъуыстай? — бафарста Бæдзег æмæ пæхæдæг нæхицæн дзуапп радта: — Ламбег йæ де- зиртир фыдæн алы ’хсæв дæр хæринаг фæхæссы Сау хъæдмæ. — Уанцон нæу,— бадис кодтон æз, кæд ацы ха- бар фыццаг- хатт нæ хъусын, уæддæр: кæд цыфæн- ды мæсты уыдтæн Лам-бегмæ, уæддæр мæ цæмæдæр гæсгæ нæ фæндыд, цæмæй бынтон ахæм æвзæр ра- зына. — Дæлæ йæ Да’рихан йæхи дыууæ цæстæй фед- та,-- загъта Лвдан,— суг ласынмæ уыди айфыццаг, йæ цалх цъыфы нынпыхст æмæ йыл хъæды æрæх- сæв... — Дариханæй уæлдайдæр ма йæ бирæ чидæртæ федтой,— йæ къух ауыгъта Бæдзег, ома, хъуыддаг дызæрдыггаг нæу, зæгъгæ.— Æрцахсын сæ хъæуы, æндæр ницы. Ахсæв фынæй кæныны зæрдæ макæмæ уæд! Ламбеджы фæд уæгъд уадзын нæ хъæуы. 175
Мæ зæрдæ æнахуыр гуыпп-гуыип скодта. Мæ зæнгтæ ’куыддæр адон сты. Цыма/та мæ лæбæзтæ судзгæ цæфтæй срыстысты, афтæ доæм фæкаст. / — Уæдæ ма цы боны хорзм& кæсæм? Афонмæ кæд аивгъуыдта, уæд та? I — Ацафон? Уый æмбисæхсæвæй раздæр нæ ацæу- дзæн. Змæлæг куы нал вæййы/ уæд араст вæййы сæ хæдзарæй. - — Уæд та...— 1къуызгæ тайдыдта Авдан,— мили- цæйæн зæгъæм... Дезиртиртæм, дам, хæцæнгæрзтæ дæр вæййы... Мах та афтидармæй... Бæдзег ын йæ ныхæсть/л хъæрæй ныххудтн: — Тæрсгæ кæныс? )у — Тæрсгæ нæ кæнын, фæлæ... милицæ йæ куы нæ зоной, уæд нæ куы бафхæрой... * - — Æфхæргæ нæ, фæлæ ма нын арфæтæ дæр ра- кæндзысты’, Стæй ма милицæйы чи баззад? Се ’ппæт дæр хæстмæ’нæ ацыдысты? Дзæвгар рæстæг нæ ничиуал ницы дзырдта. Стæй Авдан æнкъардæй загъта: — Немыщ æрбахæстæг сты... Бæдзег, цыма уыды хабармæ æнхъæлмæ касти, уыйау йæ къух хæрдмæ систа æмæ бардзырд дæт- тæгау сдзырдта: — Цæй, мауал фæстиат кæнæм. Уыцы фашисттæ æцæгæйдæр ардæм куы æрбацæуой, уæд...—'Бæдзег фырмæстæй цы загътаид,'уый нал зыдта. Иуварсмæ ату кодта æмæ нæ разæй рацыд. Мах æнæдзургæйæ цыдыстæм йæ фæдыл. Сау хъæдмæ нæ бирæ нал хъуыди, афтæ æрлæууыдыстæм. — Ам фæхицæнтæ уæм,— загъта Бæдзег.— Даргъ тагмæ фæндаг хъахъхъæндзæн Астан, Арф коммæ бацæуæн — Авдан, Тулдзджынмæ фæндаг та’ æз мæ- 176
химæ исын. Исчк исты куы бафиппайа—’æртæ ’хсит- ты-иу фæкæнæд. \ Бæдзег Тулдзджшшрдæм стыр къахдзæфтæй араст, æз дæр мæ ных сарæзтон Даргъ тагмæ. Авдан та, мæгуыр, йæ бынатц лæугæ баззад. Зыдтон, иунæгæй нæ уæнды. Фæлæ йын\мæ бон цы уыди, кæд мæхæ- дæг дæр хуыздæр уавæры нæ уыдтæн... Æхсæв уы- ди къахт цæсгау саугуьтм. Арвæй иу стъалы нæ зын- ди. Дымдта комæй. Мас дзабыртæ схуылыдз сты æртæхæй. Къутæртæ мæм цыдæр æнахуыр тæссаг æндæргты, хуызæн ’кастыс^ъг, базмæлыдысты-иу, сæ- хи-иу нылхъывтой зæхмæ,\.кæннод-иу" слæууыдысты сæ фæстæгтыл. Ныртæккæ...хНыртæккæ... Ныртæккæ... Сæхи мыл ныццæвдзысты../ Мæ гæртт-гæртт цыди, мæ зæрдæ уæззау гуыпп-гуыпп кодта. Тас зондыл уæлахиз кæнын райдыдта^ бирæ мæ нал хъуыди фæ- стæмæ æррайау хъæуырдæм ныййар.ц уæвынмæ. Фæ- лæ уыцы тасæй тыхджындæр уыди худинаджы азар. Дымгæ кодта тыхджынæй-тыхджындæр. Хъуысти хъæды æнуд гуыв-гуыв. Кæцæйдæр æрбайхъуыст, зæрдæ фæрчытæ кæмæй хаудта, ахæм æнкъард ни- уын. «Балбирæгътæ!» Зынджы стъæлфæнау зæрдæ асыгъта ацы цыбыр хъуыды., Хурхуадындзтæм ныц- цавта цыдæр судзгæ уылæн. Мæ хæдфæстæ рай- хъуыст . цавæрдæр уынæр. ’ Ныронг тæрсгæ кæмæй кодтои, уыЦы къутæрты астæу куыд фестадтæн, уый абон -дæр дзæбæх нæ зонын. Цы уыдтæн, уымæй хъус фестадтæн. Фæлæ хъуыстон æрмæстдæр мæ зæрдæйы æбуалгъ гуыпп-гуыпп. Цыма. ныртæккæ ратондзæн, ныппырх уыдзæн... Фæндагыл цыдæр змæлыд. Мæ рæзты комырдæм баивгъуыдта. Адæймаджы хуызæн у. Æнæмæнг уый уыдзæн. Мæ гуыбыны цъарыл ра- бырыдтæн ме ’мбæхсæн бынатæй; Стæй сыстадтæн, гуыбыр-гуыбыр гурæй-гурмæ цæуын йæ фæдыл. Йæ 12 ГуАман 177
/ фæд ын суадзын нал хъæуы. Мæ зæрдыл æрбалæу- уыд Бæдзеджы фæдзæхст: «Исчи унсты куы ’бафип- пайа, уæд æртæ æхситты фæкæнæд». Фæлæ ныр фе- хситт кæн, æмæ дæ хæдзар > сарэезтай. Фæстæмæ фе- здæхдзæы Ламбег, дыууæ гæппæн дæ ацахсдзæп. Кæннод цалынмæ уыдон ардæм згъорой, уæдмæ уый ам баддзæн. Нæ, уый гæнæ^и нæй. Фæлæ иунæгæй дæр йæ’фæдыл куыд цæуон т’архъæдмæ? - Ракæ-бакæйæп рæстæг пæ уыд. Ламбеджы фæд уæгъд нал хъæуы, сæйрагДæр уый у. Зæрдæ та цы- фæнды дæр кæпæд, мæ хъгаддаг пæу! Цæуыи пæ фæ- дыл. Фæндаг къутæрты сау æндæргты астæу хæрз- гæзæмæ урс дары. Стæй æрбайсæфт. Мæ тæккæ цæс- тыты раз сыстад уыцы бæрзонд рагъмæ схизæны. БацыдыстæхМ хъæды. Диссаг куыд нæ у, фæлæ уыйас тынг нал(тæрсын: адæймаг мæм æввахс кæй ис, уы- мæи мæ ныфс бацыд, кæд уыцы адæймагимæ дыууæ цыфыддæр • знаджы стæм,, уæддæр. Фæндаг рагъæй ныххызти Даргъ тагмæ., Ам ноджы арæхстгайдæр цæуын. Уырдыджы^ мæ къах фæбыры, мæ разæй ахæссын сыфтæрты ’цæндтæ. Мæ быны сæттывц урс къæцæлтæ, сæ къæрцц мæм кæд арвы гæрах нæ фæ- кæсы! Æмæ уæд мæ мидбынат андзыг вæййын,.иу уысм сызмæлын нал фæуæндын. Мæ амондæн дымгæ кæны, æмæ хъæды тыхджын гуыв-гуывæй мæ къах- дзæфты уынæр дзæбæх иæ хъуысы. Чи зоны, æхсæв æнцой куы уыдаид, уæд Ламбег- раджы бафиппайд- таид, йæ фæдьтл хъуызæг кæй ис... Бирæ фæцыдыстæм Сау хъæды уыцы æвæд. уырд- гуытæ æмæ хæрдты. Фæсахсæвæртæ уыдаид, афтæ Ламбег иу стыр бæласы цур æрлæууыд. Иæ къухтæ пæ дзыхмæ схаста æмæ уыджы уаст ныккодта. Хæс- т,æг кæцæйдæр1 райхъуыст хуыргарчы уаст: «крр-рр- уат». Кæй сапынц адоп?! Фендзыстæм, кæддæра чн 178
кæй афæливиД. Ламбег бæласы аууонæй уыциу сæр- рæтт аласт’а, иыдæр мын æрбаци. Кæм лæууыд, уыр- дæм æрхъуызыдтæн. Хæстæг байбынæй ферттывта зынг æмæ уайтагъд ахуыссыд. «Æгъи,— загътон мæ- хипымæр,— ныр мын нал аирвæздзыстут». Гуырыс- хойаг пал уыди, дезиртпры хуыггом ам кæй пс. Ба- хъуызыдтæн, зынг кæцæй ферттывта, уырдæм. Дыу- уæ б-æласы; астæу къæдзæхрæбын уыди мусонг. Йæ дуар цыдæр сырддзармæй æхгæд. Йæ иу къабаз ып хæрзчысыл иуварс акодтоп хъавгæ æмæ мидæмæ ба- кастæн. Мусонджы бын уыди хосæй æмбæрзт, астæ- уæй стыр къуыдырыл нæзы цырагъ сыгъди, йæ ала калди. Р1æ фæйнæфарс дыууæ кæрцы тыд, æвæццæ- гæн, сæ хуыссæнтæ сты. К/ьуымты цыдæр дзаумæттæ калд. Иу кæрцыл бадтысты Ламбег æмæ йæ фыд. Лæджы хуызæн нал уыдиТотыр. Йæ цæсгомы буа- рæйфындз æмæ ных йедтæмæ ницыуал зынди — схъуынджыи. Йæ цæстытæ æпкъард æмæ тæссаг æрт- тывд кодтой къуырфыты арфæй хъуынты астæуæй. Ламбег йæ хызыпæй систа стыр гуыдыи æмæ хъæбæр цыхт; хъæдындзтæ, нурытæ. Æрæвæрдта сæ йæ фыды цур кæрцыл. — Лхæр истытæ... . — Ахæрдзыстæм.— Тотыр йæ комыдæттæ нмнны- хъуырдта,— мæнæ Баззс фæзына... — Лхæр, уый фаг дæр дзы разындзæи... Тотыр пæ фырты уæхскыл пе стыр сау къух æр- уагъта: ч — Иуиæгæп къæбæр хæрыи нæ фидауы, лаппу... / • — Уыцы æвзæр давæгпмæ дæхп цы сбастаГ:? Тотыр арф ныуулæфыд. — Уый барвæндон хъуыддаг нæу... Æхсæв иупæ- гæй зып у... Мæпæ ацы ран мæрдты аууæттæй бай- ■ дзаг вæййы... 179
Лæппу скаст йæ фыдмæ, стæй йæ-сæр æруагъта. Æрæджиау загъта: . ; — Гьгцци афтæ... хъæдæй, дам, куы нæ рацæуай, уæд мæхи амардзыиæн. Тотырæн йæ сæр куыддæр ’ иуварсмæ фæкъул, ныууынæргъыдта. — Ни-цы дын кæндзысты,— мæ сæр ноджы бын- даср æруагъта Ламбег,— бæрæг уыди, йæ зæрдæ кæй суынгæг,— адæм нæм дезиртиры номæй дзурынц. Рацу, дада, рацу нæхимæ!.. Тотыр йæ сæр дыууæрдæм тылдта æмæ уынæр- гъыдта цæф сырдау: — Ныууадз мæ, лæппу, мауал мæм цу... Сымах дæр ма ’мæн тыххæй фыдбылызы _бахаудзыстут. — Ды никæй амардтай... Ницы дын кæндзысты. Тотыр йæ къух систа йæ лæппуйы уæхскæй, зыр- - зыргæнгæ йæ æрхаста йæ цæсгомыл, стæй йæ боцъо- йы даргъ’ хъуынтæй пъæстытæ стыдта. — Милицæ та афтæ зæгъы: «Тотыр, ды амардтай колхозы сæрдар Ханджерийы!» Æз та никæй амард- тон! Никæй! — хъæр кодта фæсус хъæлæсæй Тотыр.— Закъон мæныл не ’ууæнды, закъон милицæйыл æу- уæнды! — М-илицæ дæу лæгмарæг хоны? Чи дын загъта? — Чи мып загъта? Баззе мын загъта. Баззейæн йæ хæрæфырт милицæйы кусы. Уый йын радзырдта хабæрттæ. Æмæ мæ фæдыл зилышд. Уæд та лæджы хæстмæ куы ауадзиккой, лæг уым уæддæр йæ ка- димæ амæлид. Æз уыдтон: Ламбегæн ^йæ бинаг был зыр-зыр кæнын рапдыдта. Æвæццæгæп йæ кæуын тыххæй урæдта. ^ — Тæрсын дæ кæны уыцы лæгмар!—кæуынхъæ- лæсæй загъта уый,— тæрсын дæ кæны, цæмæй дæхи 180
бамбæхсай, æмæ гуырысхо дæуыл уа... Ханджерийы йæхæдæг амардта. Адæм дзурынц... Ды та рынчын дæ, æмæ дæ тæрсын кæны...< — Уæдæ йæ чи амардтаид? Баззе уыди, ай-гъай... Колхозы фос давта æмæ йын сæрдар йæ хæдзар, йæ исбон байсын кодта. Уæртæ йæ Даргь таджы кæроп амардта. Уыцы рæстæг æз дæр ме "намондæн цуа- нæй нæхимæ здæхтæн раст ууылты... Сæрдар дæр дыууæхстонæп мард, мæнмæ _дæр дыууæхстон! Уый Баззе барæй бакодта афтæ, цæмæй гуырысхо мæ- ныл æрхауа! Тотыр йæ- цыппæртыл слæууыд., Йæ дæндæгтæ ныззыхъхъыр сты, йæ цæстытæ тæссаг æрттывд код- той. Лам*бег йæ зонгуытыл æрлæууыд йæ цуры, йæ цонгыл ын хæрдмæ схæцыдГ — Дада, сбад, ныр цыхуызæн дæ?! Тотыр та раздæрау сбадти йæ бынаты, йæ сæрыл пыххæцыд йæ къухтæй, рæмбыныкъæдзтæ æнцадысты йæ уæрджытыл. ; — Дада, æз хæстмæ цæуыи... «Хæрзбон» зæгъын- мæ æрбацыдтæп...— Тотыры уæхсчытæ куыддæр фе- стьæлфыдысты. Цыма йæ сæр йæ армытъæпæнтæп ноджы тыхджындæр æрбалхъывта, афтæ мæм фæ- каст. Æвиппайды йе ’ргом разылдта дуарырдæм,<ни- цыуынæг тæссаг цæстытæй ныюкаст мæнырдæм. Уы- цы æбуалгь цæстæнгасы бын мæ ,бон фезмæлын иал баци, цавддур фестадтæн. Тотыр ныррызти æмризæ- джы, пæ дзых фæхæлиу. Стæй а.хæм цъæхахст пык- кодта,, æмæ мæ сæрыхъуынтæ арц сбадтысты, мæ зонд адзæ,гъæл. Тотыр зæххыл æрхауд, ратул-батул кæнын систа, нæ комыфынк калди. Хъуысти йæ дæн- дæгты æбуалгъ хъыррыст. Ламбег цыдæр къæцæл фелвæста, йæ къухмæрзæп ыл атыхта æмæ йын æй афтæмæй йæ * дæндæгты астæу нытътъыста. Уыцы 181
рæстæг мæ чидæр -фæсте мæ бæрзæйæ ацахста. Му- сонджы астæу мæ тъæпп куыд фæцыд, уый æмбар- гæ дæр нал бакодтон. Мæ уæлхъус райхъуыст, нæл- гоймагæи æгæр лыстæг, сылгоймагæн æгæр бæзджын чи уыдп, ахæм хъæлæс: — Куыдзы фырт! Ныртæккæ дын гез де ’взаг дæ удимæ бæргæ’фелвасдзынæн. Хæрдмæ йæм скастæн. Бынмæ мæм æнæуынон цæстытæй касти æнæдаст бæзæрхыг, бæрзонд нæл- гоймаг, йæ уæлæ тслогрейкæ* йæ сæрыл бухайраг худ. Йæ галиу уæхскæй дыууæхстоны дыууæ хæтæ- лы сæхн сдардтэй,-йæ астæуыл хъатара. Бамбæрстон/ фервæзæн мын нал ис—мæ уæлхъус чи лæууы, уый Баззе у! — Чи дæ æрбарвыста? — Ничи. — Уæ, ма кæ, уæддæр дæ де ’взаг никуыуал ба- хъæудзæп, цы ма йыл ауæрдыс? — Баззе мын йæ уæззау цырыхъхъьгфындзæп мæ тæн тыхджын æрба- къуырдта.— Чп дæ æрбарвыста? — Ничи! Лæгмар йæ телэгрейкæйы фæдджитыл уæлæмæ схæцыд, йæ хъатарайы бынæй райхæлдта фæтæн рон. Фæдыдагъ æй кодта, стæй йæ йæ кæрæттæй фæйнæ- рдæм айвæзта. Фæцыд тыхджын къæрцц. Стæи уæз- зау æрхуы æргъæвæг мæ сæры фахсæй фесхъиудта. — Дзур! — Лæгмар! Мæ сæр бахгæдтои мæ къухтæй. Æнхъæлмæ кæ- сыи æвирхъау цæфмæ. Фæлæ мыл цæф æгæр æрæг- мæ уади. Мæ цæсты кæрæттæй тæрсгæ-ризгæ скас- тæн ’хæрдмæ æмæ федтон: Ламбег дыууæхстон са- рстзта Баззейы риумæ. Дзуры йæм: * — Аппар дæ рон! 182
Баззе йæ рон мусонджы къулмæ базыввытт кодта. — Цæй, хынджылæг ма скъæр,— бустæхуызæй загъта уый,— лæппу надæй рæзгæ кæны, цы йын уыди? Баззе^ йæхи йæ кæрцырдæм байста, цæмæдæр æргуыбыр. Стæй æваст фæзылд, Ламбеджы дйууæ- хстон иуварс акъуырдта. Лæппу топмæ фæлæбурдта, фæлæ уыцы рæстæг йæ ахсæныл сæмбæлд Баззейы уæззау къухы цæ’ф, ныккæрзыдта, ’æрбадт йæ мидбы- нат. Лæгмар топп систа зæххæй, ныццарæзта йæ мæнмæ. — Уæлæмæ сыст, хуыйы хъыбыл! Æз сыстадтæн. — Æддæмæ! Мæ бон-фезмæлын нæ уыд—’мæлæты тас мын пъæззыйау ацахста мæ уæнгтæ. Ныртааккæ мæ иокуы хъæды агæрах кæндзæи! Фæлæ æваст топпы дзых мæ риуæй иуварс атахт,— Баззе фæуæлгоммæ, йæ сæрæй мусонджы къул ахаста." Цы ’рцыди, уымæн фыццаг уысм ницы бамбæрстон, сагъдау лæугæ аз- задтæн. Уынгæ фæкодтон, Ламбег ын йæ къæхтæ куыд ацахста, йæ сæр ын йæ сагæхты куыд фæтъыс- та. Фæлæ мæм фыццаг уысм дзæбæх нæма бахъард- та, цы ,уыдтон, уый мидис. Стæй мæхи ныццавтон Баззейыл æз дæр, фæлæ фæстæмæ атахтæн йæ тым- былкъухы цæфæй. Уыцы рæстæг Тотыр æр^чъицыдта. Баззе йын йæ фырты куыд хурх кæны, уый куы ауыдтаг уæд æм бауад, топп фелвæста зæххæй æ^мæ йын йæ хъæдæй йæ сæр æрцавта. Баззе мардау иу- варс æрфæлдæхт. Мах ын йæ топп æмæ йæ кард байстам, йæ къухтæ йын сбастам’. Бонивайæнтыл æй ракодтам нæ разæй. Æрхæццæ йæ кодтам районмæ. Тотыр дæр йæхи радта милицæмæ. Ламбег сын ра- кодта йæ хабæрттæ, æмæ йæ горæты рынчындонмæ рарвыстоп. 183
Уымæй цалдæр боны’рацыдаид, афтæ нын иуизæр нæ рудзынг æрбахостæуыд. Ракастæн. Нæ кулдуар- мæ лæууыди’Ламбег бæлццоиарæзтæй. Уыдис ыл йæ фыды бур галпфе хæлаф,- зæрэнд цырыхъхъытæ, зæ- ропд телэгрснкæ. Йæ рагъыл чысыл дзæкъул., — Цæн, Лстап, Хæрзбонтæ-раут!— загъта уый.— Æз хæстмæ цæуын. — Куыд хæстмæ? Дæ карæнты нæ исынц!.. — Райсдзысты. Мах хæдзарæй дзы ничи ис... æмæ худинаг у. Дада рынчын, у, æндæр... Хæрзбон! Гыццнйы сайгæ акодтон, хохмæ зæгъын цæуын не ’рвадæлтæм... Кæннод хъæрахст систаид, милнцæтæ- педтæм дæр ма фæдзырдтаид... Иу къуыр,и куы ра- 1 цæуа, уæд ыи зæгъдзынæ. Уæдмæ æз æфсады уы- дзынæн... Ламбег рацыд мæ цурæй. Иу-дæс къахдзæфш скодта, стæй æрл’æууыд. Сабыргай мæм разылдта йс ’ргом. Æнкъард мидбылхудт хъазыд йæ цæсп> мыл. — Мæсты ма мæм кæныс? — Цытæ дзурыс,— æфсæрмыгæнгæ загътон æз,— аххосджын мæхæдæг уыдтæн. ’ Ламбег ма мæм йæ къух фæтылдта æмæ тагъд къахдзæфтæй араст каурæбынты. Æз дæр цыдтæн йæ фæдыл. Бæргæ йæ баййæфтаин, йæ фарсмæ бæр- гæ цыдаин, фæлæ мæ кæуын бауромын мæ бон нæ уыди... Æмæ никуы базыдта Ламбег, йæ фæдыл исчи кæй цыди. Хъæугæронмæ куы ныххæццæ’ дæн, уæд ма бирæ фæкастæн йæ фæдыл, цалынмæ ма йе ’ндæрг хæрзчысыл зынди стыр фæндагыл, уæдмæ.х Стæй йæм ныхъхъæр кодтон йæ фæдыл: '< — Нæ хъæуы лæппутæй дæуæй хуыздæр пичи ис, ий-и-чи, Ла-амбе-ег!— Фехъуыста мын мæ хъæр æви нæ? Уый иæхицæй йедтæмæ бæлвырд ничи загътаид. Фæлæ пын йæхи никуыуал федтон... Ламбег хъæба- тырæй фæмард Прагæйы цур хæстыты.
ÆРТÆ ÆМБАЛХ>1 Лбоны хуызæн’ ма хъуыды кæиын уыцы бои. Сау æрхæмæй баззад мæ зæрдæйы. Нæ кæрт адæмæй ба^дзаг. Стыр тута бæласы бып сау сгæлладæй æмбæрзт чырыныл ныддæлгом мæ мад Борæхан, йæ куыствæллад къухтæ æнæбонæп æруагъта сау чырыны кæрæттыл. Хæстæй уыцы æнамонд гæххæтт куы ссыд, уæдæй фæстамæ йæ хъарджытæй нæ балщад. Сыхæгтæ æмæ йæ хæстæджытæ-сабыр кодтой, ныфсытæ йын æвæрд- той, загъд æм кодтой, йæхи æгæр кæй хæры, уый тыххæй, фæлæ цыма ницы .хъуыста æмæ ницы уыд- та, уыйау куыдта æмæ куыдта. Æхсæв-бонмæ йæхи хуыссгсныл дæр не ’руагъта. Хæкъуырццæй куыдтон æз дæр мю мадьг кæуынма\ Фæлæ мæн нæ уырныдта... Афтæ мæм каст, цыма 185
райсом/ сæумæцъæхæй дуар сабыргай æрбайгом уы- дзæн, æмæ баба æрбахиздзæн къæсæрæй, æрлæудзæн та мæ хуыссæны уæлхъус. Æз афтæ тынг æнхъæлмæ кастæн боныцъæхмæ, мæ мæгуыр мады зæрдæрысты уæззау цæссыгтæ чи бахус кæндзæн, уыцы хуры- скастмæ, æмæ фидарæй æууæндын райдыдтон, баба кæй фæзындзæн, ууыл. Уыцы бæллиц афтæ тыхджын уыд, æмæ дард азæлдау мæ хъустыл бæрæгæй уады- сты йæ ныхæстæ: — Хуысгæ та куы баззадтæ, Уæйыг. Цæй уæйыг уыдтæн æз? Хæстмæ куы араст, уæд мыл æрмæст фараст азы цыд. Мæ ном Тотрадз хуи- лы, фæлæ мæ мæ фыд фæуæйыг кодта. Кæд мын æх- сызгон нæ уыди! Фæлæ мæ-ме ’мбæлттæ мæстæйма- рынæн Уæйыг хонын куы райдыдтой, уæд мæм хор- зау нал касти ацы ном... х Ныр куыдтон, фæлæ бабайы марды хабарыл иæ. Мæн’ æппындæр нæ уырныдта йæ амæлæт. Æз æр- мæстдæр мæ мадæн тæригъæд кодтон.'.. Дысон фæсæмбисæхсæв йæ размæ бацыдтæн. Р1æ ризгæ къух æрæнцад мæ уæхсчытыл, йæхимæ мæ æрбалвæста, æмæ хатыдтон, йæ буар кæугæ-кæуын куыд фестъæлф-фестъæлф кодта, уый. — Мæ иунæг,- сидзæрæй нæ куы ныууагъта нæ дарæг, уæд ма цы кæндзыстæм? Цæссыгтæ йæ нал бауагътой дзурын... Æмæ æр- мæст уæд бамбæрстон, нæ хæдзарыл стыр бæллæх кæй æрцыд.\Баба фæстæмæ нал раздæхдзæн, æмæ йæ æз никуыуал фендзынæн. Æнахуыр судзгæ æн- тъыснæг мын ацахста мæ хурхуадындзтæ... Æз/ æвæццæгæн, уæд фыццаг хатт бамбæрстон адæйма- джы егъау хъыг. , Ныр тута бæласы бын лæууы афтид чырын. Иæ уæлæ — баба хæсты размæ кæй дардта, уыцы чы- 186
рынтæ хæдон æмæ морæ галифе хæлаф. Бæласы ставд зæнгмæ къулгондæй чырыны тигъыл лæууы йæ’ хуызист. Цардæгасау кæсы, цыма кæрты чн æрæмбырд, уыцы адæмы дисгæнгæ фæрсы: — Хорз адæхм! Цæуыл кæут? Æз æгас дæп... Гыццийæн йæ бон кæуын нал у. Цыдæр хъæрзы- ны мыртæ ма схауы йæ дзыхæй. Æмæ уымæй^ноджы карздæр, ноджы судзагдæр кæны мæ зæрдæйы хъыг. Бацæуынмæ хъавын мæ мадмæ, уый дæр куы амæла, уымæй тæрсын. Фæлæ мып уалынмæ чидæр мæ фарс æрбакъуырдта. Цыма бæзджын мигъы фæлмæй ра- зынд, уыйау мæ размæ уынын ме ’мбал Ацæйы дзы- гъуыр^цæсгом. Мæ цонгыл мын. рахæцыдм'æмæ мын сусæгæй мæ къусы дзуры: — Цом-ма мемæ. Уынгмæ куы рахызтыстæм, уæд фæйнæрдæм акæс- тытæ кодта, исчи нæм кæсы "æви нæ, уый базоныны фæдыл. Стæй барджын хъæлæсæй загъта: — Мæ фæдыл цу! Хъæугæронмæ куы схæццæ стæм, уæд Ацæ на- рæг къахвæндагыл фæзылд Пыхсбынмæ. Æз æрлæу- уыдтæн. Ме ’мбал мæм фæстæмæ фæзылд. Ацæ æнæ- уый мæстыгæр у, фæлæ ныр, æвæццæгæн, сидзæрæй кæй баззадтæн,. уый тыххæй мын тæригъæд кодта æмæ лæгъстæхуызæй загъта: . — Црм, Уæйыг, дæлæ нæм донбыл чидæр æн- хъæлмæ кæсы..-. — Нæ цæуын, — загътоп æз,— махмæ зиан ис æмæ... ’ % " Ацæ ас лæгау йæ къух мæ уæхскыл æрæвæрдта: — УЫй æз дæр ’зонын. Фæлæ хъыгæн лæг хъæ- уы. Фæразын хъæуы. Ацæ мæ разæй араст. /Ез дæр сæргуыбырæй цыд- тæн йæ фæдыл. Пыхсбынмæ куы баЦЫдыстæм, уæд 187
мæ хъустыл ауад Урсдоны уыпæр. Мах пайыпмæ ардæм фæцæуæм. Допбыл стыр дурыл бадти Æхсар. Уый махæй дыууæ азы хистæр у... фæстæмæ йæм дзурын ничи уæнды. Уæлдайдæр та, иухатт кæрк- хъус Беслæны уырды над куы скодта, уæдæй фæстæ- мæ. Мах цыма уынгæ дæр нæ кæны, уыйау йæ дзып- пæй систа зæрэнд газеты гæбаз чысыл чиныджы хуы- зæн бæстонтыхтæй, раскъуыдта дзы цыппæрдигъон гæбаз, йæ фарсмæ йæ дурыл æрæвæрдта, насы хус сыф йæ дыууæ армы астæу æууæрдын райдыдта, стæй йæ æркодта гæххæтмæ. Арæхсгæ йæ систа æмæ йæ тымбыл стыхта, йæ тыхæскъуыд кæрæттæ йын йе ’взагæй сдæрæгау акодта. — Чн уæ дымы тамако? — æрæджиау бафарста Æхсар. Дзуапп нæ райхъуыст. Æхсар спичкæ ссыгъта æмæ йæ’ бахаста, йæ былты кæрæттæй, кæуыл хæ- цЫд, уыцы «гамако»-мæ, стæй цыма фырæхсызгонæй йе/ уæнгтæ ивазы, уыйау йæ къухтæ фæйнæрдæм акодта, йæ нарæг былтæ фæцъупп сты, æмæ йæ дзы- хæй урс фæздæджы къуыбылæйттæ рауагъта. — Зæрдæ куы -рисса, уæд тамако. дымын хъæ- уы,— ком-коммæ мæм æр’бахаст Æхсар. - Æз мæ сæр дæлæмæ æруагътон. — Дæ цæстытæ æгæр сырх сты,— йæ ныхас дард- дæр кæиы Æхсар,— нæлгоймагыл кæуын нæ фидауы. Уый сылгоймæгты хъуыддаг у, æмæ уыдон к’æуæнт. Æхсар та йæ «тамако» сцъырдта, фестад æмæ мæ комкоммæ æрлæууыд: — Дæ фыды дын чи амардта?!—афтæ тынг фæ- хъæр кодта, æмæ мæп пу к’ъахдзгеф фæстæмæ- кæ- нын бахьуыл \ — Æз д^у фæрсын? ■ — Немыц,— æрæджиау загътон æз. 188
— Мæиæн та...— ныллæг хъæлæсæй райдыдта нæ хистæр.—Мæнæн та ме ’фсымæры... Лæппу банцад. Æвиппайды æргуыбыр кодта, сис- та гыццыл тъæпæн дур æмæ йæ, нæхи кæм фæна- йæм, уыцы хъуымы сæрты ауагъта. — Немьщ ссæуынц ардæм,— тыхстхуызæй загъта æмæ Ацæмæ бакаст. ’ — Мах цы сфæнд кодтам, уый нæма зоны Уæ- йыг,— загъта Ацæ.— Мах хæстмæ цæуæм. Кæд дæ фæнды, уæд ды дæр немæ рацу. — Хæстмæ? — бадис кодтон æз.—Æмæ уæ чи ауадздзæн? Мах хуызæтты... — Уый дæ хæдзары уынаффæ нæу,— мæ ныхас мын айста Æхсар.— Газеты нæ кастæ? Иу лæппу не- мыцæн цы митæ бакодта, гъæ, дæ бындар ма фесæ- фа, гъе! Афтæмæй йыл æртындæс азæй фылдæр нæ цыди, Цыбырдзырдæй, ахсæв араст уыдзыстæм Даргъ-Къохмæ. — Æмæ Гыцци та? * — Уымæн цæмæй тæрсыс,— дзуапп мын радта Ацæ,— дæ фыды туг куы райсай немыцæй, уæд ма. дæ бузныг дæр фæуыдзæн. Хъæубæстæ йæ тыхсып нæ бауадздзысты. Раст хмæм фæкастысты Ацæйы ныхæстæ. Фæлæ уæддæр мæ нæстытыл уади мæ мады фæлурс, хъи- зæмайраг цæсгом. Цы бачындæуа? Дывæндæй æв- зæрдæр ницы ис. Æнæнхъæлæджы æрымысыдтæн, æрæджы цы чиныг кастæн, уый. Гаврош Парижы баррикадæты цур мæлгæ-мæлын куыд зарыди... Йæ хистæр æмбæлттæ йыл куыд куыдтой. Цæмæндæр мæ- хицæи фæтæрпгъæд кодтон. Æпахуыр æнтъыснæгдзи- над та судз.гæ ссыди мæ хъуырмæ. Фæлæ мæхиуыл ныххæцыдтæн: мæ размæ лæууыди; кæуындзæгтæ- йедтыл худгæ чи фæкæны, уый — Æхсар. 189
— Æз разы дæн! х Ацæйы скъуыд был мидбылхудтæй фæйнæрдæм ( айвæзт: æхсызгон ын уыди мæ дзуапп. Фæлæ Æх- сары цæсгомыл иунæг нуар дæр нæ фезмæлыд.- — Афтæ уæдæ,— тызмæгæй загъта уый,— ахсæв - фæсæмбисæхсæв ардæм. Нæ сусæг фæнд искæмæн чи схъæр кæна, уый,мын цы ’нхъæл у. Иу сыббыртт дæр нæ. Даргъ-Къохмæ ныххæццæ уæм, æндæр нæ уым иу эшелон хæстмæ аласдзæн. Цы ’мбæлы, уый нын ратдзысты — хæцæнгар>зæй, хæстон дарæсæй. Алчидæр уæ хæдзары фыстæг ныууадзæд: афтæ-аф- - тæ, махæн æппындæр мацæмæй тæрсут, тагъд ’нæ фæстæмæ ардæм хъæуы. Ныр иугæйттæй фæхæлиу уæм,— бардзырд дæттæгау ма загъта Æхсар æмæ донбылты аивгъуыдта. Ацыд Ацæ дæр. Æз ма иучысыл джихæй кæсгæ алæууыдтæн, стæй рацыдтæн. Æрдæгвæндагыл мæ фæсте æрбаййæфта Æхсар. ... — Хъус-ма, Уæйыг,— загъта тыхулæфтгæнгæ. Бæ- рæг уыди, тынг, кæй згъордта, уый.— Дæхиуыл-иу хъарм уæлæдарæс скæн. Фæндагыл уазал уыдзæн. Хорз байрйай.. " '-,..- 2 Бабайы мард бавæрдтой. Мард, зæгъгæ, афтид чырын. Æмбисæхсæвы онг’ма нæ сыхы устытæ бад- тысты Гыццийы цур. Стæй уыдрн дæр ацыдысты. Нæ хæдзар 1Шссабыр, чцыма дзы æппыпдæр цæрæг ни- КуЫ уыдП æмт ппкуыуал уыдзæи, афтæ. Æз æмбæрЧ;- ’ той: бабайЫ афтид чырыннмæ, уæлмæрдты баныгæд- там, кæДдæриддæр æр^хæндæгæй кæй мысдзыстæм, уыцы амонд. ГЬщци цалдæр æхсæвы æнæхуыссæг уы- ди æмæ ныр, стъолы фарсмæ куыд бадт^ афтæ афы- 190
нæй- мæгуыр. Йæ цуры фæтæгены цырагъы авг сала, æмæ хæдзары къуымты хъазынц æнахуыр аууæттæ. Афынæй кæнæд Гыцци. Кæд иучысыл йæ зæрдæрыс- тæй фæцух уаид. Мæн дæр йæ быны скодта хуыссæг. Раст цыма мæ цæсты тъыфылтыл зды гиртæ ауыгъд ис,. афтæ мып мæ сæр æлвасынц базмæ, æрцъынд вæййынц. Æмæ ме ’мбæлтты куы фæсайон, уæд ма сæм цы цæсгомæй рЯкæсдзынæн. Фæлæ уый гæнæн нæй. Дзырд дзырд у. Худинагæн, дам, бирæ нæ хъæуы. Æз хъавгæ рахызтæн мæ хуыссæнæй. Цырагъы авджы нарæг хъуыры ныффу- кодтон. Рухс куы ахуыссыд, уæд бамбæрстон мæ рæдыд. Мæ уæлæда- рæс кæм æвæрд ’сты, уый бæргæ хорз зыдтон, фæлæ Гыццимæ фыстæг куыд ныууадзон? Спичкæтæ нæй, æхсæв пецы цæхæр бæстон банордæм æмæ ма дзы кæд райсоммæ зынг • баззайы, уæд хорз, кæннод æз нæ пъолхафæпыл ^зынг æрбадавын сыхæгтæй. Зæронд скъаппы хъæдыи къæбæлтыл ауыгъд ис ’ мæ хъуымац хызын. Мæ къахфындзтыл хъуызæгау бацыдтæн. Систои кърандас, тетрады фæстаг сыф раскъуыдтон. Æмзе талынджы ныффыстон: «Гыцци! Дæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд. Тагъд зындзыпæн. Тот- радз». Мæ къахфындзтыл рацыдтæн кæртмæ. Æхсæв уыди мæйдар. Кодта уазал дымгæ. Хъæугæронæй ниудта кæйдæр куыдз. Уый, дам, фыдбылызы ны- сап у... Уæвгæ, Æхсар ахæмтыл нæ феууæнды... Хæрз- бон, мæ зынаргъ Гьщци, хæрзбоп. Чи зопы æмæ... Нæ, - уæд дæхи кæуыпæй ’куы амардзынæ... Гæпæн нæй... Ацы хатт мæхиуыл ныххæцын нал бафæрæзтон: мæ цæстысыгт’æ фемæхстысты, æмæ сæ бауромйныл нал архайдтон. 191
Мæндары дзæбæх не ’взæрстон нарæг къахвæн- даг. Каконы сындзытæ мын æгъатырæй тыдтой мæ цæсгом. Фæлæ æвиппайды цыма пыхсыты бæгънæг къалиуты æхсæн цыдæр ссыгъд, уыйау зынг ферттыв- та æмæ ахуыссыд. Æз фехъуыстон Ацæйы кæнгæ хуыфт. Ме ’мбæлттæ мын, , æвæццæгæн, мæ къах- дзæфты уыпæр фехъуыстой. Сæ размæ куы бацыд- тæн, уæд Æхсар йæ æрдæгдымд тамако фехста хуы- мы астæумæ. — Дæ цыдæй рацыдтæ? — 0. — Фæндаггаг исты рахастай? — Ницы. — Ацæ дæр ницы рахаста,— цæуылдæр фæсмон- гæнæгау загъта Æхсар,— фæлæ тыхсын нæ хъæуы, мæ хызыны ис æнæхъæн гуыдын æмæ цыхты ’рдæг. Нæ фаг уал уыдзысты. Цомут ныр. . Æз æмæ Ацæ æнæдзургæйæ цыдыстæм йæ фæ- дыл. Урсдоны къахыр былгæрæттыл донхæрис бæ- лæстæ æмæ рагон бындзæфхæдтæ зындысты сау æн- дæргтау. Мæ къæхтæм хъардта уазал — хæцъил дза- быртæ æхсæвы æртæхæй схуылыдз сты. Нæ размæ бæрæг фæндаг нæ уыд, мах цыдыстæм дон-дон, уы- мæн æмæ хорз зыдтам, Пыхсбыны фале уæрдонвæн- ^ даг донгæронмæ ,кæй æрбахизы. Иу ныхас нæ никæмæй хауд. Чп зоны, ме ’мбæлт- тæ цæуыл хъуыды кодтой. Кæд мæнау уыдонæн дæр сæ зæрдæ хæдзаримæ дзырдта, йе та, хæсты цы хъæ- батырдзинæдтæ равдисдзысты, уыдоныл рагацау сæ- химидæг цин кæнынц. Мæ цæстытыл та ауад бабайы цæсгом. Цикъæйау фæлурс. Фæлæ уæддæр йæ мидбылты худы. Æз фæл- варын мæ фыды цардæгас фæлгонц æрхъуыды кæ- ныныл, фæлæ мæ бон нæу. Фæстаг хатт а^й къамы 192 -
куыд федтон, афтæ йæ хуыз рамкæйы æвæрдæй ас- та*уæй уæлæмæ мæ цæстыл уайы. Урсдоны иугæндзон уынæр æрдзы æнцойдзинад кæиы ноджы тарфдæр. Æбæрæг тас пъæззыйау бады зæрдæйыл. Лæг цæмæн амæлы? Цыма кæцæйдæр дардæй кæйдæр удхайраг хъæрзын æрбайхъуысы, уыйау мæ.хъустыл ауайынц, знон бабайы мардыл чи хъарæг кодта, уыщы зæронд усы скъуыддзаг ны- хæстæ: «Æнæцæстытылхæцæгæй æцæгæлон бæсты дон-донгæнгæ дæ иунæгмæ куы сидтæ». Баба, æвæц- цæгæн, мæнмæ сидти. Иæ иунæг æз дæн. Чи зоны, йемæ хæстмæ куы ацыдаин, уæд нæ амардаид. Ехх! Цæуылнæ ацыдтæн раздæр... Искæцæй йын мæскъæй дон æрбадавтаин къубускайы дзаг. Æмæ йын уæд йæ винтыздыхт хъуырæй зыдæй нозтаид уазал дон, иухатт æнтæф, бон куыд нозта, афтæ. Иæ хъуын- джын риумæ йæ бинаг.былæй калдаид цыхцырæг. Кæд фырдойныйæ амард? Æз хатьш — мæ ком ных- хус. Фæнды мæ тæссар къахыры донбыл хуырыл æрхуыссын æмæ уазал дон нуазын. Фæллайын. Цас цæуæм, фæлæ уæрдонвæндаг нæма зыны. Тæссаг у чацы мæйдары фæдзæгъæлæй... Æваст æртæйæ дæр хæрдмæ фæхаудыстæм: донæй^ фæцыд цæйдæр уæз- зау цъæпп. Æрлæууыдыстæм. Ацæ хæстæгдæр ’ба- цыд Æхсармæ. Нæ ’раздзог фæстæмæ ракаст æмæ ныллæг хъæлæсæй загъта: — Ам фæлæуут, æз, цы хабар у, уый базонон. Æхсæвы тары фæаууон Æхсары æндæрг. Чысыл фæстæдæр фæстæмæ ’рбаздæхт. — Цомут. ’Уый хуырджын был ныккалд донмæ. Ногæй та араст стæм нæ фæндагыл. Æхсар афтæ тагъд цыд, æмæ мах згъорæгау кодтам йæ фæдыл. Разынд Пыхсбыны кæрон. Хъуамæ ам кæмдæр хæс- тæг уа уæрдонвæндаг. Нæ раз нын æрæхгæдта егъау 13 Гуйман 193
сау æндæрг. Хъæды рагъ. Бæхуæрдонæй иухатт ба- баимæ ацы рагъыл ахызтыстæм Даргъ-Къохмæ. Би- рæ нæ нал хъæуы уæдæ. Хæхтæй раулæфыд уазал дымгæ. Райхъуыст донхæрисбæлæсты.сусу-бусу. Ра- гъы сæрмæ æрвгæрон фæирддæр. Кæцæйдæр æрбай- хъуыст уасджыты уасын. Къахвæндаг рахызт гуыргъахъхъ уæрдонвæндаг- мæ. Мæ риуыдзаг æхсызгонæй сулæфыдтæн боны- цъæхы æхсызгон сыгъдæг уæлдæф. Æгайтма нæ фæ- дзæгъæл стæм! Æваст Æхсар цъæхснаг хъæлæсæй ныззарыд: Тохмæ, хæстмæ,куы цыдыстæм, Цæфтæй, мæрдтæй ыздæхтыстæм, Ехх! Мæ ныййарæг мад, нал уыди мæ бон! г Ацæ дæр нал фæлæууыд, æмæ сæууон уæлдæфы сиу сты дыууæ цъæхснаг хъæлæсы: Сау сыджыт мыл æрбакалдтой, Сау хъæццул æй куы фенхъæлдтон, Ехх! Мæ ныййарæг мад, нал уыди мæ бон! Рагъыл фæндаг кæм фæхæрд кæны, уырдæм куы бахæццæ стæм, уæд сæ зарæг аскъуыд. Æвæццæгæн, лæппутæн улæфт нал фаг, кодта. Уæззау уаргъ хæс- сæгау сæргуыбырæй цыдыстæм хæрды. Рагъы сæр- мæ куы ссыдыстæм, уæд федтам, абон дæр мæ чи нæ рох кæны, ахæм диссаджы ныв: æрвгæрон, цыма мин артæй пиллон уагъта, уыйау сæнт-сырхæй æрт- тывта, сæууон цъæх фæлмы чи ныгъуылд* уыцы ду- нейы сæрмæ. Цыдæр æмбисонды тых ис боныцъæхы: нæ фæллад мæнг фынау фæлыгъд, нæ гуырысхо æр- байсæфт. Æртæйæ дæр нымдзаст стæм скæсæнмæ Д1е ’мбæлтты цæсгæмттыл æнхъæвзыд цыдæр цин. Цыма цырен артмæ сæхи тавынц, уыйау сæ цæс- 194
гæмттæ ныррухс сты. Чи зоны, цас алæууыдаиккам афтæмæй, стæй Æхсар рагъæй йæхи бынмæ рауагъ- та, фæндагæй иуварс фæзылд æмæ хосы мæкъуылы цурæй сдзырдта: — Рацæут, нæ фæллад иучысыл суадзæм. Фæйнæ къæбæры дæр ахæрæм.—Мах цалынмæÆхсары цур- мæ’ цыдыстæм, уæдмæ.уый йæ хъæбысыдзаг систа сæууон æртæхæй уымæл хосæй, æркалдта йæ, тау- гæрдæджы бын чи ’ фæци, уыцы кæрддзых зæххыл. Æрбадтыстæм хосыл æмæ мæкъуылыл нæхи фæс- тæмæ ауагътам. Æхсар йæ хызынæй систа, æртыс- гæны арф фæдтæ бурæй кæуыл баззадысты, уыцы тымбылзылд гуыдын, æртæ чысыл æмиас хайы йын асаста йæ былæй, стæй йæ фæстæмæ нывæрдта йæ бынаты. — Фæндагыл цы нæ вæййы, фæстæдæр нæ ба- хъæудзæн. Цыхтæй дæр нын радта фæйнæ къæртты, мæ дыууæ æмбалы адджынæн хæрын райдыдтой сæ фæн- даггаг. Фæлæ мæнæн мæ хъуыры нæ цыди мæ ком- дзаг. Æвæццæгæн мын дойны кæй уыди кæнæ фæн- дагыл æгæр кæй бафæлладтæн, уый тыххæй. " — Цæуылнæ хæрыс? — Ныр мæм нæ цæуы, фæстæдæр. Дæ хьтзыны уал сæ нывæр.— Мæ сæр æрæнцад хосы мæкъуылыл. Хуьюсæг мæ ахсы. Хъуысы Æхсары ныхас. — Хатыр’бакæ, Уæйыг. — Цæй тыххæй?—дзырдтæ даргъ ивазгæйæ фæр- сын æз. — Æрдæбон Ацæимæ кæй зарыдыстæм, уый ты’х- хæй. Сымахмæ зиан уыди, мах та...— Кæмдæр, дард кæмдæр бамынæг ме ’мбалы æнкъард хъæлæс... Æна- хуыр аууæттæ ма уадысты мæ цæстытыл, стæй ницы- уал бамбæрстон — афынæй дæн. 195
Мæ фыны уыдтон: баба мæ сугæйдзаг уæрдоны уæлæ йæ куырæтыл сбадын кодта. Радта мæм бози. Бæх тæссаг уырдыджы уæрдон нал уромы. Иæ ты’х- йæ бонæй згъоры бынмæ сæрсæфæны былтыл’. Баба хъæргæнгæ уайы мæ фæдыл. Цæуы цæлхыты тæссаг- уынæр. Æз цъæхахст кæнын... ^ ’ Æваст хæрдмæ фæхаудтон. Мæ цæстытæ куы бай- гом (кодтон, уæд федтон: мæ уæлхъус лæууыд бæр- зонд, къæсхуыртæарæзт лæг милиционеры дзаумæт- ты. Галиу цонг ыл нæ уыд. Йæ астæу ын æнгом’ чи æлвæста, уыцы гæрзын фæтæн роны тъыет— йæ аф- тид дыс. Рахиз фарсыл — дамбацайы стыр хуым- пъыр. Йæ тызмæг цæстæнгас æхсгæ дурау сæмбæлд мæ зæрдæйыл. Нырма ныр бамбæрстон, кæм дæн, уый. Акастæн фæйнæрдæм: ме ’мбæлттæ хосы уæлæ хуыррытт кæнынц. Æнæзонгæ лæг уыциу хъæр фæласта: ^ — Уæлæмæ! , Ацæйæн фырдисæй йе скъуыд был куыддæр ба- з’мæлыд. Афтæ вæййы, кæуынмæ куы фæхъавы, уæд. Фæлæ нæ. Иу сыбыртт дæр нæ райхъуыст йæ^дзы- хæй. _ ■— Чи стут сымах?—бафарста милиционер. — Мах? Махæй - зæгъыс? — къуызгæ дзуры Æх- сар.— Мах йед стæм... ардыгæттæ. — Уæддæр кæцы хъæуæй? Æхсар ницы дзуапп дæтты. Бæрæг уыд, тынг кæй стыхст йæхимидæг. Уæдæ хъуыддаг хорз нал у. Æваст арвæрттывдау мæ сæры фæзынд иу^ хъуыд- даг — фæхъæр кæндзынæн «лидзæм», зæгъгæ, æмæ 1 фæйнæрдæм фæпырх уыдзыстæм. Никæй нæ баййаф- дзæн. Уыцы хъуыдыйæ ме ’уæяттæ куыддæр барыз- ^тысты, зæрдæ йæхи риуы къултыл ныххоста. Фæлæ ^æвиппайды мæ фæнд дымгæхаст æртхутæгау æрбай- 196
сæфт, афтæ мæстыхуыз æрбацп лæджы цæсгом, йæ фарстæн дзуапп куы иæ фехъуыстя, уæд. — Тагъд цæугæут мæ разæй! Мах æнæбары ^ рацыдыстæм йæ разæй. Даргъ- Къохы станцæйы цур нæ иу ныллæг кæлæддзаг хæ- дзармæ бакодта. Мидæгæй уаты дуары сæрмæ фыст уыди: «Хистæр’ слестгæпæг». Къæсæрæй куы бахыз- тыстæм, уæд уый дуар дæгъæлæй ахгæдта, цыма нын алидзынæй тарсти,, уыйау, йæхæдæг æрбадт стъолы уæяхъус. Иæ дзыппæй систа бапъироз, йæхæтæл ын стъолыл æрхоста, цыма йын йæ уæлдай тамако калы. — Гъы, хъусын уæм,— загъта слестгæнæг, йæ та- макойы фæздæг раулæфгæйæ. Мах ницы дзырдтам. Уæд лæг й-æ тых-йæ бонæй стъол æрцавта æмæ фæхъæр кодта: — Сымахмæ дзурын æз! Кæцæй стут?! Æнæнхъæлæджы хъæрæй æз хæрдмæ фæхауд- тæн. — Мусты хъæуæй,— загъта Æхсар. — Æмæ ам цы ми кипут? Мах ницы дзурæм. ,— А-гъа,— цыма йæ зæрдыл цыдæр æрлæууыд, уыйау ныддис кодта слестгæнæг.— Æмбарын. Сымах давджытæ стут. Быдыры дзæгъæл фос куы фæзына, уæд æй Пыхсбынмæ баскъæрдзыстут, уыйфæстæ та хъæумæ. Хорз, хорз. Нæ адæм хæсты быдыры сæ туг . калынц, сымах та... » Слестгæнæг фæкъуыхцы... Къахæй сæрмæ иæ сбарста йæ цæстæнгасæй: — Пионертæ... Сымахæн тæрхои кæндзæн хæстон трибунал.— Æхсар æваст йæ тымбылкъухтæ ризгæ хæрдмæ систа, о цьша ныртæккæ а«цы лæгыл йæхи ныццæвдзæн. Иæ былтæ кæрæдзимæ афтæ æнгом 197
æлхъывд уыдысты, æмæ цыма дзыхы бæсты йæ фыи- дзы бын къраидасы раст хахх уыдп. — Цæуыл ныл хъæртæ кæпыс?! — æвпппапды райхъуыст пæ кæуьш хъæлæс.— Мах хæстмæ пæуæм, уæд кæй цы хъуыддаг нс? ’ . — Хæстмæ, зæгъыс? ’— фырдисæй йæ бынатæй фе- стад слестгæнаёг. Бацыд Æхсармæ, комкоммæ йып пыккаст йæ цæстытæм, стæй йæ оæр æваст куыддæр фæстæмæ аппæрста, æмæ йæ хъæлæсыдзаг ныххудти: — Ха-ха-ха! Хæстмæ уæдæ, п? Фæлæ æваст йæ худыпæй фепцад. Цæхгæр фæ- зылд æмæ дуармæ бацыд:' — Æз уын, хуыйы хъыбылтæ, хæст цы у, уый фе- 1/ын кæндзьШæп.— Иу цавæрдæр ,ныггæнды иæ ба- кодта, дуар пыл сæхгæдта, йæхæдæг ацыд. Цалдæр минуты фæстæ дуар погæй æрбайпш. Къæсæрыл слæууыд æмæ нæм худæндзастæй кæсы. Р1æ' къухы сау дзулы бухапкæ: ’ — Гъа, лæппутæ. Æз кæмæ дзурып? Рапсут, зæ- гъын, дзул. Лцæ бухапкæ куы райста, уæд слсстгæнæг загъта: ,— Иу зæронд лæг сымах хъæумæ цæуы æмæ уæ пемæ аласдзæп. Фæпдагыл исты фыдуаг мп куы ра- кæнат, уæд мын сар уæ къона. Лæппу, ды та уал дæ хызып ардæм æри. Æхсар æнæбары йæ хызып куы радта, æмæ лæг ацæуынмæ куы хъавыд,1 афтæ райхъуыст, ныггæпды къултæ кæмæй иыррызтысты, ахæм уæззау гуыпп. Дьиккаг, æртыккаг... Слестгæ^пæджы цæсгом æрæи- къард. — Уынут, лæппутæ, фронт æрбахæстæг,— загъта г^мæ ацыд. Нæ хъæумæ чи цыд, уыцы зæронд лæджы брич- кæйы сбадтыстæм фæссихор. Пыхсбыимæ куы ба- 198
хæстæг етæм, уæд пæм Æхсар йæ цæст фæпыкъуылд- та, йæ сæры змæлдæй ацамыдта хъæдмæ. Æртæйæ даер’иумæ рагæппытæ кодтам бричкæйæ æмæ ны’б- быидз стæм хъæдырдæм. — Æрлæуут! — ныййазæлыд зæронд л-æджы фæ- дисхъæр.—'Æрлæуут, зæгъып! Хъæдмæ нæ бирæ нал. хъуыд, афтæ нæ хæдфæстæ рапхъуыст бричкæйы цæлхыты гыбар-гыбур. Фæстæ- м<æ куы фæкастæн, уæд федтон диссаг: зæронд лæг, фыртагъдæй зæххыл чи нал æндзæвыд, уыцы брич- кæйæ йæхи уьгциу æхст фæкодта, æрхауд зæххыл: Æз фæлæууыдтæн..Бæхтæрæг тыхтæ-фыдтæй сыстад, стæй къуылых-къуылых æрбазгъордта мæнырдæм, йæ къухтæ кувæгау ракодта æмæ лæгъстæхуызæй дзырдта: — Æрлæуут, бабайы хуртæ, æрлæуут, уæхи цæ- уьтл бьш кæнут?.. Фæлæ мын уæдмæ Æхсар мæ цонгыл фæхæцыд, йæ фæдыл мæ ласæгау акодта. Мах фæаууои стæм хъæды. Дзæвгар рæстæг цыдыстæм, арвы цъæх сæ’’цъуп- (Лытæй чи бааууонкодта, уыцы бæлæсты æхсæн. Фæз- зьтгон сыфтæртæ нæ къæхты бын хъæрзыдтой. Уа- лынмæ; хæрзхæстæгæй райхъуыст хъæдхойы хъæр. Нæ, æз фæрæдьтдтæи: уый уьтдп автоматы къæр- къæр. Æваст зæхх нызмæлыди уæззау рæмыгъдæй. Нæмгуытæ æхситгæнгæ тахтысты нæ сæрты. Разынд хъæды кæрон. Дуне байдзаг хæсты æбуалгъ гыбар- гыбурæй. 199
СЫРХВАРС ФÆТКЪУЫТÆ — Гъей, хорз адæм! Фæт- къуытæ, сырхварс фæшъуытæ! Фанерæй конд зæронд чумæданы сæр — гом. Ие- дзаг у сырхварс фæткъуытæй. Иæ фарсмæ барæнты^ тæбæгътæй иуыл — фæткъуытæ, иннæуыл — сау гп- ри. Уæзамонæнтæ, хылгæнæг дыууæ уасæгау, лæууынц кæрæдзи æмных. Сæ уæлхъус лæууы Сандыр. Р1æ зæронд къепкæ ахæм гыццыл у, æмæ ,сæры тенкайыл тыххæй хæцы; йæ уæлæ, суанг йæ фадхъултæм чи хæццæ кæны, ахæм дæрдджын палто, бæмбæгхалæй уæфт бæзджыи хъуырбæттæн ыл басылыхъхъау æн- гом ты’хт, къæхтыл — сæрдыгон туфлитæ. Æрæгвæззæджы уазал мигъ йæхи æруагъта ба- ’ зарыл. , Бафæллад Сандыр иу ран лæууынæй. Æнуд рыст !кæны йæ астæуыстæг, цыма дзы^æндыснæг ныб- бадт. Къæхтæм хъары уазал. Уыны: йæ фарсмæ хъæ- дындз, æмæ пурытæ цы ацæргæ сылгоймаг уæй кæ- 200
ны, уый дæр ихæпæй пыккука. Рæстæгæй-рæстæгмæ йæ чънзи. къухмæрзæн дыууæ къухæй с’хæссы йæ фындзмæ, æмæ райхъуысы уымæл хыррытт. Сандыры алыварс æмызмæлд кæнынц адæм. Мы- дыбындзыты катайаг дыв-дыв кæпы базар. Бæрæг ныхас дзы нæй равзарæн. Æнтъыснæг’ боныхъæд уынгæг æрхуым æфтауы Сандыры зæрдæйыл. Æвæццæгæн, уардзæн. Фæззы- гон арв фæкъæртт уæд, æндæр ын банцайæн нал вæййы. Лæджы сагъæсау æнкъард сæлфынæг. Мæнæ чидæр æрбацæуы зонтыччы бын. Сандыр йæ армы- тъæпæн цыдæр курæгау размæ ракодта, арвмæ скас- ти. Нæ, нырма нæма уары. Цыбыр у фæззыгон бою Изæры иæ фæстæмæ цæуын хъæуы йæ райгуырæи хъæумæ. Фæлæ куы ницы ауæй кæна, уæд... Иæ катайаг цæстæнгас ахæссы адæмыл. Фидиуæ- гау ныхъхъæр кæны: — Фæткъуытæ, лæвар фæткъуытæ. Мæнæ иу~ зæронд ус* комкоммæ аербацæуы Сан- дырмæ. Цæстыфæныкъуылды бæрц ныфс ссыгъд Сан- дыры зæрдæйы. Фæлæ уайтагъд ахуыссыд: зæронд усы сау дарæсмæ кæсгæйæ æнахуыр зæрдæрыст арцау иннæрдæм ахызт йæ уды. Æнæмæнг, сау дары,,, Æвæццæгæн, йæ хъæбултæй искæуыл. Æмæ йæ цæс- тыл ауад: фæцæуынц мæрддзыгой адæм. Фæцæуынц æмæ фæхæссынц сау чырыны дзаг æнамонддзинад... Адæм фидар сты, æндæр æй куыд баурæдтой сæ уæхсчытыл. Куыд?!. — Цас у сæ кило? — Мæ мадыхай, дæуæн сæ асламдæрыл ратдзы- нæн. Æдæппæт дыууæ туманы. Зæронд усы фæлурс цæсгомы æнæнымæц æн- цъылдты уыйбæрц хъыг ис, æмæ Сандырмæ афтæ кæсы, цыма уый адæймаджы æнæкæрон хæлардзи- 201
нады нысан у. О,, фыдуарзт тæригъæды хуызæн у. — Фынддæс сомы. Фылдæр мæм нæй, мæ хур. — Мæ мадыхай, дзæнæты чи зайы, ахæм фæт- къуытæ хты. Саход, дæ хорзæхæй,— Сандыр чысыл хæрынкъайы нарæг æвзаджы цыргъыл систа фæт- къуыйы æртæтигъон кгррдих æмæ йæ æрбадардта усмæ. " — Бузныг, уырпы мæ. Æхсæрдæс сомы. , — Ахæм фæткъуытæ никуы ссардзынæ. Дыууæ туманы.л кило лæварау у, саход дзы. Саударæг ус рацыд фæткъуытæйдзаг гом чумæ- даны цурæй. — Æвддæс сомы!— йæ фæдыл хъæр кæны Саи- дыр. Фæлæ зæронд ус нæ лæууы. — Æхсæрдæс сомы! Раздæх! Цыма æппындæр ницы’ хъуеы, цыма æппындæр ннцы уыны, уыйау адæмыл йæхи’ къуырдтытæгæнгæ сæргуыбырæй дарддæрæй-дарддæр цæуы саударæг. О, уыцы бон уæлмæрдмæ афтæ- цыди йæ мад дæр. Æрмæст уымæн йæ дæлæрмтты бацыдысты дыууæ усы... Æнахуыр тькх фенкъуысын кодта Сандыры йæ бынатæй’. Йæхæдæг дæр æй нæ бамбæрста, æнæзон- гæ усы фæндаг куыд æрæхгæдта, уый. — Хъус-ма, мæ’мадыхай... Кæронмæ нæ фæци йæ ныхас. Æхсгæ дурау ыл сæмбæлд зæронд уеы цæстæнгас — уæззау æмæ æн- тъыснæг. Фæлæ Сандыр нæ рахатыдта, йæ цæстыты æвиппайды ’ферттывдæн цы нысаниуæг уыд, уый. Æлгъ æви фыдæх?, ’— Ныууадз мæ, хорз лæппу, мæ мæгуырыл,— хæрзсабырæй, лæгъзтæгæиæгау загъта фæсус хъæ- лæр’.—Ныууадз мæ. Æнахуыр уынгæгдзинадæй адымстысты Саидыры хурхуадындзтæ, Зын комдзагау ныпныхъуырдта йæ 202
сæт, æмæ цыма з’æронд дыргъыкуыстгæнæг чысыл са- бийы йæ иог фæткъуы бæлас фенынмæ хуыдта, уый- ау пæ цæсго’мыл фæзынд мидбылхудт: — Хорз ус, цом,— тагъд-тагъд дзырдта Сандыр,— цом, зæгъын, лæвар иу кило ахæсс! Иу капекк дæр мæ нæ хъæуы. Ау, ирæттæ нал стæм? Цом, цом, дæ хорзæхæй. > <Ус æнæууæнк каст кодта Сандыры цæсгоммæ. Стæй æваст йæ уæигтæ куыддæр фенцъылдта, фæ- тæрсæгау, фæстæмæ иу къахдзæф акодта æмæ та нымдзаст Сапдыры цæстытæм. -, , ’ — Кæй дæ, уып дын дæ хурæй бафсæдæд. Стыр бузныг... — Мау мæ бафхæр! — фæхъæр кодта Сандыр,— ма мæ бафхæр! Ау, махæн мадæлтæ нæй æви? Цом! Зæронд ус хъавгæ цыд йæ фæдыл. Уæйгæнæг фæткъуытæйдзаг æфсæйнаг тæбæгъ систа барæитæй æмæ йæ авдæлон кодта бæзджыи брсзсптæй «онд хызыны. — Дæ сывæллæттæн мæ номæй... ’^ Фæлæ зæропд ус йæ бынатæй нæ фезмæлыд. Йæ къух ризгæ æрæи'цадч чумæданы æвæрд уазал фæт- къуыты лæгъз буарыл. Куы йæ систа, уæд дыргъты æхсæн æнцъылдтæй баззадысты гæххæттыи æхца- тæ,— дыууæ туманы. - — Ды дæр, мæ хур, дæ хъал боиæп нæ лæууыс ацы уазалы. Айс дæ фæткъуыты аргъ. ,— Уæ, мардæрцыд! — сонт хъæр фæкодта Саи- дыр.— Æнæхъæн Ирыл мæ худинаджы кой куы пæ айхъуыса! Æхца фелвæста æмæ сæ зæроид усы къухы фæ- сагъта. — Ма мæ 'ф.хæр, хорз ус. Æвиппайды Сапдыр бафиппайдта: саударæджы 203
цæстытæ уыдысты уымæл. Цыма фæкъаддæр асæй, февзыддæр, афтæ йæм фæкаст. — Бузныг, ’Стыр бузныг. Мæ иунæг хæстæй уæз- зау цæфтæй ссыд. Рынчындопы хуыссы. Фсрвæздлæн ма, нæ зонын... Кæронмæ нал загъта. Цæхгæр фæзылд æмæ тагъд-тагъд ацыд. Фæаууон адæмы ’хсæн, фæлæ Сан- дыр касти йæ фæдыл. О, мæрддзыгой адæм цыдысты уæлмæрдтæм... Сандыр зыдта: ирон æгъдаумæ гæсгæ фыдæн хи хъæ- булыл кæуын нæ фидауы.,Æмæ йæ фыды бæсты хæ- дзары хнстæрæн Саидыр йæхæдæг баззад, Бæргæ, йæхиуыл хæцыди, фæлæ йæ цæссыгтæ пæ фарстой... Хъуамæ йæ цæстытæ хус уыдаиккой. Хус, сусæны хурмæ фырдойныйæ фæрчытæ чи хауы, уыцы зæх- хау. Хус, йæ цæссыг ныккалын чи нæ фæразы, уыцы арвау. Цыдысты мæрддзыгой. Æнусау ныддаргъ хъæуæй уæлмæрдмæ фæндаг... Уый уыди дыууæ азы размæ, зымæджы... Сæ хæдзар сын немыц- басыгъ- той... Фæизæр кæны. Фæткъуытæ уæйгæнæг йæ катайхуыз цæстæнгас ахæссы адæмыл, æмæ фидиуæгау ныхъхъæр кæны: — Гъей, хорз адæм, æлхæнут! Мыдæй адджын- дæр фæткъуытæ, бирæ мæм нал баззад, æлх1æн- гæут! , . Мæнæ йæ размæ æрбацæуынц дыууæ хæрзарæзт сылгоймаджы. Иу иинæйы дæларм бакодта йæ къух. Сæ цыбыр къубæлттыл æрзылди цавæрдæр зынаргъ цæрмттæ. Бæрзопд риутыл æицайыпц сырдты стыгъд бырынчъытæ. Раст æгæстау æрттивынц сæ цæстытæ. •Ьылгоймæгтæ фаззæтты хуызæн стьт. Цæуылдæр су- сæг пыхас кæнынц æмæ хъæрæй худынц. Йæ рæзты куы аивгъуийой, уымæй фæтарсти Сандыр, фæлæ 204
цыма уыдоны иæ уьшы, уыйау кæсы адæмы гуылф- мæ æмæ та ,йæ дзыхыдзаг ньихъхъæр кæны: — Фæткъуытæ, сырхварс фæткъуытæ! Сылгоймæгтæ æрлæууыдысты йæ цуры. Сæ иу чумæданæй систа иу фæткъуы æмæ йæм пæ лыстæг цæстытæй ракæс-бакæс кæпы. — Цас у сæ кило? — Лæвар, мæ хотæ. .Дыууæ туманы, Шехереза- дæйы дыртъдонæй ласт сты. — Уый та кæм ис? — Фистæг æм нæ цæуы, барæг æм нæ хæццæ кæны. Сылгоймæгтæ былысчъилæй худынц: — Адон дзыхæй рæвдз сты. Адæмы цæмæй нæ сайынц, иу ахæм нæй. — Кæд уæ нæ хъæуынц, уæд уæ фæндаг дарддæр дарут. Сылгоймæгтæй иуы риуыл æнахуыр змæлд ба- кодта сырды бырынкъ. , — Спекулянт! Æз дын дæ бынат ссарын кæндзы- нæн, ахæм гуырымыхъхъ куы уай, уæд. Дæ цахъ- хъæнтæ хæсты быдыры баззадысты, ды та, уыры, ам адæмы сайыс! Сылгоймæгтæ рацыдысты йæ цурæй. Фæлæ æвип- пайды, æбуалгъ тасæй фестъæлфæгау, сæ сæртæ æм- зылд фæкодтой фæстæмæ: сæ фæдыл хъæрæй худти Сандыр. — Цæуыл худыс? — бафарста æгæрон æнæуынон- дзинадæй ризæгчхъæлæс. — Уый мæхæдæг зоныи,— бынтон æдыхстхуызæй сын дзуапп радта фæткъуытæуæйгæнæг. Нæ, нæ зыд- та Сандыр йæхæдæг дæр, цæуыл худти, уый. Афтæ æнæуи... Уьщы бонæй фæстæмæ фыццаг хатт ных- худти йæ хъæлæсыдзаг. Фæлæ цæмæн, уый нæ бам- 205
бæрста... Къæхтæм хъары уымæл. Æнгуылдзтæ их фестадысты. Æнтъыснæг рыст кæны йæ астæу. Нæ, сывæллæттæм афтидармæй раздæхæн нæй: æнхъæл- мæ^ кæсынц. Уæззау чум’æдапимæ сæ къæсæрæй куы рахызт, уæд ма йæ фæдыл, хъæр кодта йæ рынчып хо Зариффæ: , — Сандыр, горæтæй мын булкæ... Мæгуырæг. Кæронмæ нæ.,фæци йæ ныхас... Зæр- дæскъуынæг хуыфæгæй басур, йæ бон сулæфын1 нал уыд... «Æрласдзынæн, æрласдзынæн»... — Фæткъуытæ, фæткъуытæ! Хæстæг ничи цæуы., Дыргъ иичи æлхæны. Уæртæ уьщы лæг дыууæ голладжы нартхоры ссад уайтагъд æрбауæй кодта. Ныр халы æртьжкаджы комбаст... Тагъд хæст фæуыдзæн! Нæхиуæттæ фæуæлахиз сты!.. Æцæг зæгъынц уыцы сылгоймæгтæ. Мæ цахъхъæн- тæй дæр бирæтæ ацыдысты ’хæстмæ... Мæн Даргъ- Къохы стапцæйæ фæстæмæ раздæхтой... Гуыппытæ æмæ схуыстытæгæнгæ. Бакæсут-мк, дам, ацы дзидзи- даймæ. Нæ базыдтон, хъæдыл мæ ахизып хъуыди... Фæлæ сывæллæттæн дæр иунæг нана цы акодтаид?.. Уыцы сылгоймæгтæ дæр, цæрыиц, æмæ мæ мад дæр цæры! У-у, гакк-гуччы мæлхъытæ, сымах кæцæй зо- нут, мæ фыд гвардийы сержант кæй у/уый... Хæстæй куы æрыздæха, уæд фендзыстæм!.. Изæрмилтæ сæхи ныллæг æруагътой горæты сæр- мæ. Кæмдæр,-'уартæ уыцы сау æврагъы фæстæ баз- зад йæ райгуырæн хъæу. Æнхъæлмæ йæм кæсынц æххормаг сывæллæттæ. Æвæццæгæн сын сæ мад зæр- дæтæ æвæры... -"'’’— Диссаджы фæткъуытæ! Чи пæ балхæна, фæс- мойнаг фæуыдзæн. Тагъд нæхимæ цæуын!, ’ Ничи хъусы Сандырмæ... Базары адæм къаддæ- ралнкъаддæр кæнынц. Æнтъыснæг рыст кæны йæ ас- 206
Ткзу... Хор не ’рзад Йрыстоны. Хус дымгæтæ басыгъ- то^й зайæг хал... Зæхх ныокъуыдтæ. Сæ фæткъуытыл пьфмæ фæауæрстой, зынаргъдæрыл сæ ауæй кæпдзы- стæм, зæгъгæ... Цы цæсгом ма равдисдзынæн сы- вæллæттæм? ДУыцы æхсæв ниудта æбуалгъ дымгæ. Кæцæй- дæр '.хъуыстн æнахуыр маргъы тæссаг уасын... Сан- дыр бадтн йæ рынчын æфсымæр æхсæзаздзыд Хаса- ны уæлхъус. Хæкъуырццæй куыдта мад. Дымгæ та ниудта, ниудта зæрдæуынгæгæй... Бонырдæм ахицæн йæ иунæг æфсымæр... — Фæткъуытæ. Сырхварс фæткъуытæ!.. - «Нæ, афтæмæй аздæхæн нæй хъæумæ. Уæд та иу- пæг булкæйы аргъ куы ауæй кæиии мæ фæткъуы- тæп... Фæстаг хатт ма Хасан агуырдта .харбыз... Æн- хъæлмæ кæсыпц æххормаг бннонтæ. Ипиæтæп бæргæ пицы у, сæ æхсæв та пас æмæ картофы хæрдыл ар- витдзысты, фæлæ Зарпффæ, Зариффæ!..» Æрталынг. Æнахуыр аууæттæ дыууæрдæм кæ- нынц Сандыры рæзты. Йæ фарсмæ сылгоймаг йæ хъæдындз æмæ нурытæ æфснайы урс цикъæйæ конд дзæкъулы. Хæлы базар. Бамбæрста Сандыр: фæ- фыдæнхъæл сты йæ биионтæ, æмæ ма фæстаг хæтт пзæрдалынгты уазал фæлмы ныййазæлыд йæ уыигæг хъæлæс: — Гъсй, хорз адæм! Балхæпут сырхварс фæт- ’къуытæ!.. Хæст цыдп Берлины бынмæ...
№ЬАХВÆДТÆ Дымгæ, цыма иог тыхтæ æм- бырд кæнынмæ кæдæмдæр азгъоры, афтæ исдуг фæ- сабыр вæййы, дардæй æрбайхъуысы йæ уынæр, стæй йæхи æваст рудзгуытыл ныццæвы, æмæ æвгты зыр- зыр ссæуы. Бады Марат цæнгæт пецы фарсмæ. Хус сугтæ пиллон арт уадзынц, æмæ Мараты цæсгом, цыма йыл сæуæхсид хъазы, афтæ сырх хъулæттæй ферттивы талынг уаты. Цыдæр. ын нæ фаг кæны, риссы йæ зæрдæ, фæлæ йын дымгæйы дзынæзты аххос у æви, иунæгæй кæй баззад, уымæн нырхæндæг, уый йæ- хæдæг дæр дзæбæх нæ хаты. Марат уыны, арты сырх æвзæгтæ пецы гом дуарæй æддæмæ куыд ралæбу- рынц, стæй та сæхи куыд амбæхсынц. Фæлæ уый цы у?, Цæстыты раз сыстад фæлурсдзæсгом стырцæст чызг, йæ мидбылты фæлмæн бахудти, стæй комком- мæ ныккаст Маратмæ. — О, Зæлинæ, цæмæн ацыдтæ? Иунæгæй мæ цæ- мæн ныууагътай? 208
Чызг ниЦы дзуры, фыццагау йæ мидбылты худы, ф&лæ Маратмæ афтæ кæсы, цыма кæйдæр зонгæ, фæлæ æбæрæг хъæлæс дардæй æрбайхъуысы,, стæй кæмдæр, азæлгæ, бамынæг вæййы. V- Уымæн æмæ бафæлладтæн хæхты арф къуы- мы..\ Йарат дæлиауæй ныуулæфыд. Фæлмы айсæфт цæйы сурæт, фæлæ алыхуызоп хъуыдытæ, рын- чын лæг йæ хуыесæны куыд фæрафт-бафт кæны, аф- тæ æнæнцой зилдух кодтой сæры. Лæппу æрымысыд, Зæлинæимæ куыд базонгæ, уыцы бон. ...Уый уыди медицинон училищейы хъазтизæры... Сатæгсау косткм æмæ урс хæдоны, йæ хъуырыл нарæг урс дæргъытæ галстук, афтæмæй иу къæс- хуыр лæппу бацыд, йæхи къулæнцой чи бауагъта æмæ кафджытæм чи каст, уыцы ч&згмæ. Марат фед: та, лæппу йæ сæрæй куыд акуывта, стæй уæздаихуы- зæй чызджы бæгънæг цонгыл куыд æрхæцыд. Чызг йæ бынатæй кæ фезмæлыд, афтæмæй сдзырдта: — Дæ къух иуварс айс. Фæлæ цыма* лæппу ницы фехъуыста, афтæ йæ мидбылты фæлмæн бахудт æмæ загъта: — Бахатыр кæн, мемæ акаф. — Нæ кафын. — Мемæ æви æппындæр нæ фæкафыс? — Æппындæр. Лæппуйы цæсгомы хуыз аивта. Кæнгæ мидбыл- худт цыдæр фæци йæ нарæг рихиты бынæй, къуымых æмæ æнæфсарм цæстæнгасæй къахæй сæрмæ обарста чызджы, стæй загъта: • - — Хорз. Фæлæ дæ ацы изæр æндæримæ кафгæ куы фенон, уæд-иу мæнæй ма рахъаст кæн,— æмæ иуварс ацыд. Чи зоны, Марат уыцы ныхæстæ куы нæ фехъуыс- 14 Гуйман 209
таид, уæд чызджы æппæт адæмы æхсæн иæ бафн/1- пайдтаид. Фæлæ ныр нæхи хæстæгдæр байста къ/л- мæ, æмæ й-æ чызг куыд иæ бамбара, афтæмæй иæм зулмæ бакаст. Цъæх къайаны уæрæх зьтлд хъуыр байгом кодта урс дæллагхъуыртæ æмæ фæсошты дзæвгар хай. Мыдхуыз дзыккутæ бæрзонд фа/тæй, зæгъæн куыд нæй,,афтæ хорз фидыдтой дæргъæцЦонго- мау цæсгомыл. Цæстыты стьтр урс зиллаччыты/астæу сау фæрдгуытау æрттывтой гагуытæ. Зын рахатæн уы- ди, йæ фæлмæы былтæ гæзæмæ ахуырст уыдысты æви сæхи æгъдауæй сырх дардтой, уьтй. Марат раджы бафиппайдта, рæсугъд сылгоймæгтзё кæддæриддæр зынæрвæссонхуыз кæй вæййынц. Лцы чызджы конд æмæ уынды дæр уыд, нæл- гоймаджы ныфс чи сæтты, фæлæ йæ уыцы иу рæстæг æнахуыр тыхæй йаахимæ чи ’лвасы, ахæм сæрыстыр- дзппад. Маратæй уаитагъд лæппуйы ныхæстæ æрбай- рох сты, уæддæр чыздл^ы кафынмæ рахонын нæ уæн- дыд, куы пæ мыл барвæсса, зæгъгæ, фæлæ йæ цыма, дзæбæх кæй нæ хатыдта, акæм æнахуыр тых фæсте схуыста, афтæ æнæныфс къахдзæфтæй бараст пæ размæ. , ’ . — Бахатыр кæн...— стæй, дывæнд кæй кæны, уый бафийпайгæйæ ноджы ныллæгдæр хъæлæсæй сдзырд- та: — Саккаг кæ.... Чызг рацыд. Марат æнæул дæр кафынмæ уыйас хорз нæ арæхст, фæлæ ныр бынтон ныфсæрмы, йæ къах айсын пал зыдта, чызджы къæхтæ-иу бакъуырд- та, хатыркурæгау-иу бакаст йе ’м-балы рæсугъд цæс- гоммæ. Фæлæ уьтй фæлгæсыди лæппуйы уæхсчыты сæрты, æмæ афтæ зьтнд, цььма -æппындæр ницы фип- па-йы. Музыкæйы уæзбын зæлтæ аыхъæвзтой залы. Маркт хатыдта, рог фæлмæи урс къух йе ’уæхскыл 210
к\ыд æрæнцад, уый, æмæ æмбал кæмæн пæй, ахæм æхсызгондзинад барджьшæй ахъардта йе уæнгты. Фарæ фæндырдзагъд куы ■ банцад, уæд цыма стыр удхарæй фервæзт, афтæ йæм фæкаст. Уый аивæй чызджы -йæ бынатмæ бакодта æмæ иуварс ацыд. ч(ызг уый фæетæ кафыд æндæр кæимæдæр. Кæрæ- дзим\г æгæр æнгом уыдысты. Бæрæг уыди, лæппу йæ йæхимæ тынг кæй æлхъывта. Маратæй цыма æпæ- ссаргæ хæзна фесæфт, уыйау срыстйæ зæрдæ. Фæлæ чызг, гае ’мкафæджы былтæ йæ русыл куы фембæл- дыстьп уæд йæхи ратыдта, æмæ лидзæгау ракодта, фыццат .кæм лæууыд, уырдæм. Лæппу йæ фæсте ра- цахста! — ^æлæуу, æхсин, афтæ пæ фæчындæуы! Ды хъуамæ .кæронмæ мемæ кафай. — Суадз мын мæ къух, æдзæсгом! — Нæ, афтæмæй дын ауадзæн нæй. Æмæ чызгыл йæхирдæм ноджы тынгдæр рахæ- цыд. Уальшмæ Марат сæ цуры февзæрд: — Ауадз æй, зæгъын, ныртæккæ! * Лæппу йæм æлгъгæнæгау бакаст, фæлæ чызджы къух ие суагъта. — Æмæ дæу та цы хъуыддаг ис? — Суадз æй!1 " \ Йæ къухтæ хæлафы дзыппыты тъыст, афтæмæй сæ размæ йæхи æрбайста, æрдæбон чызгмæ чи барт- хъирæп кодта/ уыцы урс дæргъытæ галстукджын. — Ауадз лæй, Камал! Исчи ма афтæ кæиы? — загъта уый. Чызг иуварс ацыд. Лцæуышмæ хъавыд Марат дæр, фæлæ Камалы къух йсуæхскыл æрæнцад. —, Нæ, ды фæлæуу! Марат ын пæ къух асхуыста. Фæлæ уайтагъд иыжкæрзыдта, фæгуыбыр æмæ адæрггей йæ гуыбы- 211
ныл фæхæцыд. Дыккаг цæф ауад йæ роцъойыл. Ць- ма тæссаг фынæйæ фехъал, афтæ йæхи иуварс а - пæрста, стæй йæ комкоммæ чи лæууыд, уыцы у с дæргъытæ галстукджыны ахæм цæф ньжкодта, æ æ уый, адæмыл нæ бахауд, зæгъгæ, уæд йæ тъæпп з >х- хыл фæцыдаид. Райкъуыст Камалы дæндæгты æс- тæлгъæд хъыррыст. И’æхи ныццавта йе знагыл, фæ- лæ тыхджын риуыгъдæй иуварс атахт... ч Кæсы Марат арты’ дыренмæ æмæ йæ цæет/лтыл уайынц ног æмæ ног нывтæ... Уыцы æнæнцой æхсæв кæд цыфæнды ’хъизæмæртты баха-уд, уæддæр æй йæ царды рæсугъддæр уысмыл нымайы. Дружинпиктæ сæм фæфæдис сты, фæлæ ^уæдмæ фыдгæнджытæ алыгъдысты. Музьжæ басабыр. Залы уæвджытæ се ’ппæт дæр цьимыдисæй кастысты Маратмæ. Йæ зæр- дæйы змæст суадонау гуырыд, æрхæндæджы хуызæн чи уыд, ахæм уæззау æнкъарæп. Сæргуыбырæй ра- цыд залæй æмæ сæхирдæм араст. Фæлæ æхсæвы фæлмы йæ фарсмæ февзæрд кæйдæр æндæрг. Лыс- тæгдæр æм куы бакасти, уæд базыдта чызджы. — Уый ды дæ? — днсгæнгæ афарста лæппу. — Æз бæргæ дæн... Бахатыр кæи, мæн тыххæй" фыдбылызы бахаудтæ. ,— Цытæ дзурыс, уый мæ-хæс афтæ амыдта. Исдуг цыдысты æнæдзургæйæ, стæй чызг, йæ цыд фæсабырдæргæнгæйæ, хъæлдзæгхуызæй загъта: — Нæ фæлæ ма базонгæ уæм. Дæ ирвæзьшгæпæ- джы ма зон, уый аив нæу. Мæ ном — Зæлинæ. — Марат. — Æз дæ иухатт педагогон ннституты фед- топ.. — О, æз уым а^хуыр кæнын, литературон факуль- теты.\ —* Мæпæн дæр кæддæр мæ бæллиц литературæ 212
^ыд. Медпцпноп училищемæ куыд бахаудтон, уый шсхæдæг дæр нæ зонып... УМарат мысы уыцы æнæраздæхгæ .мæйрухс æхсæв- тæ\ Мысы, кæрæдзиуыл æрхъæцмæ куы нал хъæцы- ды&гы, уыцы бонтæ... Йæ зæрдыл æрлæууыд, иухатт Зæлпнæйы училищепы ^къæсæрыл кæугæ куыд бай- йæфта. Цы хабар у, зæгъгæ, йæ куы бафарста, уæд чызг\радзырдта, ам ып горæты куыст кæй нæ дæт- тынтЦ фæлæ йæ цавæрдæр хохаг хъæумæ кæй æрви- тынц.\Марат пæ зыдта, куыд æй^басабыр кæна, уый. Фæзынд æм днссаджы хъуыды. — Зæлинæ, цы уый зоныс? Æппындæр мацæмæй тæрс. Æз дæр паддзахадон экзаментæ куыддæр рат- тон, афтæ демæ цæуып, ахуыргæнæгæй. Иу аз дзы бакусæм, стæп бæрæг уыдзæп!.. Арт дыренæй судзы. Псцы гом дуарæй æрхауд судзгæ æхсидав æмæ йæ фæздæг скалд. Марат æй æртысгæнæй баппæрста цæхæрмæ. Хъуыдыты та аныгъуылд. - Фыццаг бонты Зæлипæйы зæрдæмæ -фæцыд хохаг хъæу. Бæрзонд къæдзæхты æхсæн, дыууæ хæххон до- ны астæу сакъадахау цы-дæлвæз аззад, уым дæл- дæр-уæлдæртæй, æнæхъола пырхгондæй лæууыдысты тъæпæнсæр хæдзæрттæ. Бирæтæ паддзахады æххуы- сæи ардыгæп алыгъдысты быдырмæ. Хабæрттæ куыд хъуысынц, афтæмæй хæстæгдæр рæстæджы иоджы чидæртæ сæ цæрæнбыпæттæ аивдзысты. Зæлинæ куыста, хъæуы астæу цы гыццыл амбу- латори уыд, уым. Хъуыддæгтæ йын уьшбæрц бирæ нæ уыд. Тæссаг къахвæндæгтыл-иусæрсæфæны тигъ- тыл хылд бæрзонд къæдзæхтæм. Нæзыхъæды-иу рай- хъуыст йæ хъæлæс, æмæ-иу’ .æй азæлд алырдыгæй мингай хъæлæстæй сфæзмыдта../ Хъæлдзæг уыди фьтццаг бо’пты’ Зæлииæ, æмæ Маратмæ афтæ каст, 213
цыма горæт бынтондæр ферох кодта. Æгасæй дæг/ йæ куысты аныгъуылд, æмæ нæ фиппайдта, Зэелинæ хаттæй-’хатт куыд æрæнкъард вæййы, уый. / Иубон Марат, урочы скъоладзауты номхыгъд^æ æркæсгæйæ, сдзырдта: — Татапты Хъазыбег. Фæстаг партæйæ фестад ’къæсхуыргомау лæ.Ьпу. Тарстхуызæй окаст ахуыргæнæгмæ, æмæ куы фем- дзаст сты, уæд ,йæ хъоппæг цæстытæ дæлæмæ æр- уагъта. Лхуыргæнæджы дисы - бафтыдта сывæллоиы фæ- лурс, ’ сагъæсхуыз цæсгом. Лæппу, цыма пыв ’кæпы, афтæ йе ’нгуылдзæй партæйыл цыдæр хæххытæ кодта. — Зæгъ-ма, Хъазыбег, абонмæ уын цы лæвæрд уыд? < ’ Фæлæ уый ипцы дзырдта. Лхуыргæнæг æй дык- каг хатт бафæрсынмæ хъавыд, афтæ дуар æрбайпш æмæ мидæмæ лæбурæгау* æрбакодта ныллæггомау, фæтæнтæарæзт лæг, йæ уæлæ зæроид телогрейкæ, бухархуд æмæ салдаты цырыхъхъытæ. Æпхъырдтæ цæсгомыл гæмæх æрфгуытыбын арф къуырфы мæст- æрттывдæй æрттывтой туджы зылд гьщцыл .цæсты- тæ. Уыдон кæйдæр ’ тыхагуырд кодтой скъоладзауты æхсæн. Раихъуыст, раззаг партæйыл цы чысыл къæ- бæлдзыгсæр чызг бадт, уый кæуынхъæлæс — Уый Хъазыбеджы фыд у. Мардзæп æй... Æнæзонгæ лæг комкоммæ цыд’фæстаг партæмæ. — Гъæй! Куыдзæй чи райгуырд, уьгй! Æхцатæ цы фесты? . Марат ауыдта, Хъазыбег нуварс :куыд агæпп код- та æмæ рудзынджы фæйнæгыл куыд февзæрд: Хъуа- мæ Ьлртæккæ æддæмæ асæррæтт ласа. Фæлгс къла- 214
усы нынйазæлыд, лæппуйы удаистдзинадæй тыхджын- тдæр чи уыд,-ахæм барджыи хъæлæс: \ — Хъазыбег, ма тæрс! Æрхиз рудзыигæп æмæ дæ (длиаты сбад. \ Сабитæ (федтой, сæ ахуыргæнæг тызмæг лæджы фæцдагыл куьтд .æрлæууыд, уый. Æнахуыр тас анхъæвзта æвзонг зæрдæты. Мара- ты фæндыд ацы лæджы къабазыл фæхæцын æмæ йæ дуары æдде^ фæкæнын. Фæлæ сывæллæтты раз уый амал нæ уыди. Йæ маст нынныхъуырдта æмæ сабыр хъæлæсæй загъта: — Ма хъыгдар. Фæстæдæр баныхас кæндзыстæм. Хъазыбеджы фыд скаст’ ахуыргæнæгмæ. Нпцы сдзырдта, афтæмæп ацыд къласæй. Уыцы боп Марат уæгъд пал суагъта Хъазыбс- джы. Фæсурокты йемæ ацыд. Хъæугæроп хохаг тъæ- пæшсæр хæдзары размæ æрлæууыдысты. Лхуыргæ- нæг бафпппайдта чысыл сабийы мидхъуырдухæп: уы:й нæ уæндыд мидæмæ бацæуын. — Рауай, рауай, мацæмæй тæрс. Æз демæ куы дæн. Сау къæйтæй конд къæпхæнтыл тыргъмæ куы схызтысты, уæд ^сæ хъустыл ’ ауад иæлгоймаджы æмыр кæуын. Хъазыбег афæлурс, фæстæмæ айвæзта ахуыргæнæджы къух, фæл& йæ ахуыргæнæг йæхимæ ноджы тыпгдæр æрбалхъывта, размæ йыл рахæцыд, æмæ къæсæрæй бахызтысты. Дæрай (афтæ хуыдтой Хъазьибеджы фыды) æд дзаумæттæ иыддæлгоммæ хуыссæпы. Дуары хъæр .куы фехъуыста, уæд сæ^м ра- каст. * * * — Ды...— загъта уыи, йæ ’кæуын тыххæй уром- гæпæ.— Ды ахуыргæнæг дæ æмæ мын ме ’дылы сæ- 215
ры къоппа сахуыр кæн, цы чындæуа дарддæр, куььу ма цæрон? Не ’фснны дæр мæхæдæг... Ныр та м# иунæг хъæбулы цæрын нал уадзын... / Лæг рабадт хуыссæиы. Йæ къухтæ размæ раи- вæзта -æмæ йæ фыртмæ рæвдаугæ - хъæлæсæй сдзырдта: — Л-æппу, æрцу-ма бабайы хъæбысмæ. Ма тæрс, дæ фыд ардыгæй фæстæмæ арахъхъ пал пуаздзæн. Уæртæ-ма кæс...— Æмæ хæдзары къуыммæ ацамыд- та. Уым сæстытæй лæууыдысты авджын дзаумæттæ. Хъазыбег сыйдæг къахдзæфтæй дызæрдыггæнгæ бацыд Цæрайы цурмæ. Фыд æй йæ хъæбысы, æрба- кодта, æмæ ставд цæссыг æрхаудта са-бийы къæбæл- дзыг сæрыхъуынтыл! Марат’ зæрдæрисгæ касти ацы нывмæ æмæ йæ куы бауырныдта, Цæрайы нозт бынтондæр ссыд, зæгъгæ, уæд сабыргай йæхи айста сæ разæй. Зæлинæйы æрбаййæфта хæдзары рудзынджы цур бадгæ. Ацы хатт æм уæлдай сагъæсхуыздæр фæкаст, фæтæригъæд ын кодта, хæстæг æм бацыд æмæ йын йæ дзыккутæ рæвдаугæ адаудта: — Цæуыл æнкъард кæныс, Зæлп? Зæлинæ фестад йæ бынатæй. — Марат... Марат... — тыхстхуызæй райдыдта уый.— Мæ бон нал у. Дыууæ мæйы йедтæмæ нæма рацыд,. фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма цалдæр азы ахæстоны фæдæн. Зымæг-зымæджы дæргъы æз ам ницæй тыххæй бафæраздзынæн. Афоныл нæхи ай- сæм, цалынмæ мит æфцæг не ’рæхгæдта, цалынмæ ма фæндæгтæ ис, уæдмæ.— Зæлинæ ныттыхст йæ лæ- джы æфцæгыл. Марат ын сабыргай даудта йæ дзыккутæ. -4- Зонын æй,— арф ныуулæфыд уый.— Зонын æй, торæты фæстæ ам зын цæрæн у... 216
Зæлинæ йын йæ нЫхас æ}здæгыл аок^ьуыдта: — Канд зонын æгъгъæд нæу. Хъуыддаг аразый хъæуы. Ардыгæй адæм лидзгæ кæнынц, мах та...— сылгоймаг йæ фыртыхстæй цы загътаид, уый нал ард- та.— Дæлæ Борæтæ æртæ хæдзарæй райсом быдыр- мæ лидзынц. Уыдонимæ анæуæм. Марат, курын дæ, уæлдай мацыуал зæгъ. ’— Æмæ мæ ахуыргæнинæгты та кæмæн ныууа- дзон? — Ссардзысты, куы сæ хъæуа, уæд. — Мæ бон нæу афтæ бакæнын. Дæ хæс дæр уый нæ амоны. — Амоны æви нæ амоны — мæ хъуыддаг нæу. Мæн цæрын фæнды. — Баеабыр у, Зæлинæ. — Нæ, æз ам никуы басабыр уыдзынæн. Мæхи фæурæдтон, фæлæ ныр мæ бон нал у. Тæккæ райсом цæуын! Зæлинæ йæхи атыдта йæ лæджы • къухтæй, сын- тæджьГ бынæй раласта дыууæ стыр чумæданы: — Уыныс, мæхи фæндаггон арæзт куыд скодтон! Мауал мæ уром, Марат, курын дæ. — Мæ бон нæу. Зæлинæйы цæстытæ мæстæрттывд фæкодтой. — Гъемæ уæдæ цæр, цæр иунæгæй. Æз райсом цæуын. Уыцы æхсæв æрæгмæ бафынæй Марат. Хуыссæны рафт-бафт кодта. Йæ царды дæргъы йæм фыццаг хатт æрцыд тамако бадымын. Кæркуасæнты тарф фынæй баци. Йæ фыны фе- стад горæты. Проспекты цавæрдæр афицер æрхæцыд Зæлинæйы цонгыл. Чызг худы кæл-кæлæй. Марат сæм хæстæгдæр ба’цыд, фæлæ йæ афицер асхуыста. — Иуварс, уый дæ ус нал у... 217
Марат фехъал. Зæлинæйыл йæ цæст куы не ’рхæ- цыд, уæд тагъд-тагъд йæ дзаумæттæ акодта. Æддæ- мæ рауайыпмæ куьтд хъавыд, афтæ, фæкомкоммæ, стъолыл цы гæххæтт уыд," уымæ. «Марат!.Æз цæуын. Куьт дæ.бафæпда— рай’йаф- дзынæ мæ. Ам куы баззайай, уæд не ’хсæн ницыуал ис. Зæлипæ». Марат исдуг сагъдауæй аззад. Уый хорз зыдта, æнæ Зæлинæ нæ боп цæрып кæй нæу. Йæ чумæданыл фæхæцыд, фæстаг хатт ма уатыл йæ цæст ахаста æмæ къæсæрæй цырд рахызт. Уазалдымгæ кодта. Хæхты фæхстыл, бæлæстыл чырс æрбадтн. Фæндаг коммæ кæм рахпзы, уым фсдта дыууæ машппæйы лæугæ. Сæ алыва’рс уыди бпрæ адæм. Бьтдырмæ цæрыимæ чи лидз’ы, уыдопæп «хæрзбои» зæгъыпмæ рацыдысты. Марат сæ размæ бахæццæ. Салам раттыны фæстæ Зæлпиæны размæ бацыд. — Лидзæм уæдæ? Зæлииæйы цæстытæ хъæлдзæг æрттывд фæкодтой. — Æз æ.й уайтагъддæр зьтдтон, кæй рацæудзы- иæ... Хохæгтæ сæм æнæдзургæйæ кастысты. Хъæуы зæ- ронддæр лæг Местъор йæ бæрз лæдзæгыл æрæнаюп лсодта, зæхмæ касти æмæ сабьтргай дзырдта: — Ныры ахуьтргопд адæм хохæп тæрсгæ кæнынц. Паддзах Мпкъалайы куы аппæрстоп, уымæй æртæ азы фæстæдæр ардæм Уæрæсейæ æрбацыд иу стыр ахуыргонд,' Петр, зæгъгæ. Вухсаг уæд, фæлæ-иу уый афтæ загъта: «Ллчидæр, йæ удæн æнцондæр цы уа, уы’й куы кæна, уæд, æвæццæгæн, цард цард нал уы- дзæн». Зондджып лæг уыди Петр. Нæ сабитæ уый руаджы базыдтой чиныджы кæсып... Æхсгæ дуртау æмбæлдысты Мараты зæрдæйыл 218
ацы ныхæстæ. Æвæццæгæн, йæ царды мидæг ахæм ’æдых никуы фажаст йæхимæ. Йæ-боп нæ уыди хо- хæгтæм комкоммæ бакæсын, -уыдонæн «хæрзбон» зæ- гъын. Райхъуыст машинæйы хъæр. Февиæлдта/йæ чумæдапмæ, фæлæ йæ машинæйы гуыффæйы авæ- роп,зæгъгæ, куыддæр загъта, афтæ йæ хъустыл ауад сывæллоны тарст хъæр. Фæкаст фæстæмæ æмæ фед-- та диссаджы пыв: г’ыццыл Хъазыбег уæгъд хæдон æмæ хæлафы, бæгъæввадæй дуркъахвæндагыл ли- дзы адæмырдæм. Фæсте йæ суры йæ фыд цъæхснаг уисимæ. Гъеныр æй рацахса, зæгъгæ, афтæ саби йæ- хи æрбаппæрста Мараты хъæбысмæ. — Маргæ мæ кæны! Маргæ мæ кæны! Ма мæ ба- уадз!.. ; - Ахуыргæнæг йæ фидар къухтæй йæхимæ æрбал- хъывта чысыл сабийы. — Ма тæрс, Хъазыбег, ма тæрс...— рæвдаугæ хъæ- лæсæй загъта уый, стæй расыг лæгмæ бакаст æмæ йын къæдзæхтæ æмхуызопæй ныффæзмыдтой йæ мæ- сты хъæр: — Иуварс!.. ... Пецы бамынæг арт... Фæлæ Марат йæ быиатæй нæма сыстад... Уькцы бон никуы ферох кæндзæн. Æр- мæстдæр уæд бамбæрста æххæстæй, йæ алыгъд стыр фыдраконддзппад кæй уыдзæн, уый. Æрмæстдæр уæд бамбæрста, хъæбулау æм æнхъæлмæ чи кæсы, уыцы хохæгтæн йæ бон раттын цы у,. уый куы иæ ратта, уæд æнамонд кæй уыдзæн. — Ма тæрс, Хъазыбег, ма тæрс! — дзырдта уый, стæй йæ чумæдан фегом кодта æмæ лæппуйы бæ- гъæввад, уазал дъæх къæхтыл скодта, ’хъæуккаг зæ- ронд ус ын кæй балæвар кодта, уыцы урс къуымбил цъындатæ æмæ йæ дæрдджын ’туфлитæ. Уыдон ып стыр уыдыстьт, фæлæ йæ уый хыгъд схъарм кæндзы- 219
сты... Нал ацыд Марат горæтмæ. Фæстаг хатт ма ауыдта, Зæлинæ цы машинæйы бадт, уый арф комы куыд аныгъуылд. Чи зоны, кæрæдзийы нал фендзысты... Дымгæ ннуы... Хохаг зымæг æрбалæууыд æпæ- нхъæлæджы. Райсом раджы хъæуы цæрджытæ æд- дæмæ куы ракастысты, уæд ногуард митыл федтой нæлгоимаджы цырыхъхъыты фæд. Уый цыд ахущргæ- нæджы хæдзарæй суанг скъоламæ. Сывæллæттæ, фыццаг митыл цингæ’нгæйæ, сæ хызынтæ се ’ккæйт- ты, афтæмæй уадысты уыцы фæдыл. Чысыл фæстæ- дæр уый фестад уæрæх фæндаг.
ДЫУУÆ РÆДЫДЫ «Волгæ» тахти астæрд фæн- дагыл хъæуырдæм. Мæ фарсмæ сырхбын тар гауы- зæй æмба^рзт. бадæныл йæхи^ фæстæмæ ауагъта ацæр- гæ уросæр лæг. Иæ цæстæнгас уыд фæлладхуыз, фæлæ гыццыл тызмæггомау. Æнгом æлхъывд былты кæрæттæм фындзы фæйнæфарсæй æрцыдысты арф æнхъырдтæ. Бæрзонд ныхыл сæ фæд ныууагътой аз- тæ. Адæймагмæ афтæ каст, цыма ацы лæг æппын- æдзухдæр хъуыды кæны йæ ивгъуыд бонтыл, цыма дард мысинæгтæ æнæуынгæ фæлмау зилдух кæнынц кæмдæр цæстыты арфы, йæ мидхъуырдухæн нын- дзыг халас æрфгуыты астæу арф дзыхъхъы. - Кæд мæнырдæм нæ каст, уæддæр æз банкъард- тон, адæймаджы хивæнд сæрыстырдзинадыл уай- тагъд чи фæуæлахиз вæййы, ахæм тых. Дисыл мæ бафтыдта æнæзонгæ бæлццон. Æваст мердæм йæхи разылдта æмæ уынæргъæ- гау загъта: — Фондз æмæ ссæдз азы нал уыдтæн мæ райгуы- 221
рæп хъæуы. Фондз æмæ ссæдз азы... Уый цы у, уый зоныс?. Дойныйæ мæл, æмæ дын дондæттæг ма-уæд, хуыосæгмæ кув, æмæ даргъ æхсæвты ма фынæй кæн. Фæлæ, æпхъæл дæп æмæ фæхазццæ кæпæм. Лм хъуа- мæ хæстæг кæмдæр зæроид уæлмæрд уа, лæппу. — О, уæртæ донгæрон,— къухæй ацамыдтон фæн- дадж-ы галпу фарсмæ æз. — Митя, дæ машниæ баздах уыцырдæм. ...Зæрæхсид сыгъд хæхты сæр-мæ. Зæронд уæл- хмæрды ингæнтæ хъамылæй нал зындысты. Дурамад цалдæр цырты, тæфæрфæсгæнæгау æрхæндæгæй нын- дзыг сты, уæлмæрды фæйнæ кæрон. Урссæр фæндаг- гоп цыд хъавгæ, цыма пстæуыл æрæицайынæй тарст, уыйау, стæй æваст æрлæууыд, донбылмæ хæстæг ра- гоп тута бæласы бын цы зæронд тулдзы къуыдыр ис, уый цур. Æдзынæг æм бирæ фæкаст, стæй фæс- тæмæ раздæхт мащинæмæ. — Чи у? — ме ’мбæлццон мæ куыд нæ фехъуыс- тапд, афтæмæй бафарстон шофыры. — Дæ хъæуккаг у уый дæр. Зындгонд’ дохтыр \ Умар. Фæлæ ныр ам фопдз æмæ ссæдз азы нæма : уыд,— дзуапп радта шофыр. Ф * Ф Цалынмæ стыр уыпгæй нæхимæ хæццæ кодтои, уæдмæ хъæубæстыл айхъуыст Умары. æрцыды хабар. Адæм, цины хуыпдмæ цæуæгау, къордгæйттæй цы- дысты зæронд дохтыры кæстæр хо Ладинкæйы хæ- дзармæ. Уыиджы мыл фсмбæлд нæхи Баба. Уый цыд колхозы правлепимæ цыдæр хъуыддаджы фæдыл. Æз ын æнахуыр уазæджы кой куы скодтон, уæд фыщ- цаг фæджихау, стæй æваст стыр къахдзæфтæй араст Умары фысымтырдæм. Уыцы æхсæв хуыссыдтæн нæ сарайы. Сабьтр уыд 222
æрдз. Арвыл тæмæнтæ калдтой стъалытæ, хæхты сæр- мæ æрвон денджызы- ленк кодта мæй. Хаттæй-хатт- иу кæцæйдæр фæзынд уддзæф, бауыгъта-иу хуыс- сæнхъæлдзæг бæлæсты æмæ-иу фæлмæн ’сыр-сыргæн- гæ айсæфт сыфтæрты æхсæн. Кæцæйдæр цыд цъыр- цъыраджы æнæнцой зарын. Иннæ хæттытæй уæлдай мыл ацы ’хсазв ,хуыссæг нал хæцыди. Мæ цæстытыл уад æнахуыр бæлццоп, зæронд уæлмæрд æмæ рох ингæи. Мæ хъустыл дард уынæрау азæлыдысты кæйдæр ныхæстæ. «Фондз æмæ ссæдз азы. Фондз æмæ ссæдз азы... Уый цы у, уы,й зоныс?»' Стæ,й æбæрæг зарæджы фæстаг зæлтау (кæмдæр банцад ч æнæзонгæ хъæлæс. Æз >бафынæй дæн... ч Æмбисæхсæв уыдавд, афтæ райхъал дæн дуары хъæрмæ. Мæй хæхты аууон фæцис, æм"æ сæрдыгон æхсæв’ нытталынг. Къæсæрыл æрбахызт Баба. Йæ лæдзæг хъавгæ æрæвæрдта сарайы къуымы, фæллад бадт æркодта йæ хуыссæпыл æмæ иу уысмы фæстæ йæ дзаумæттæ ласын райдыдта. — Цæй æрæгмæ цыдтæ, Баба? — бафарстоп æй æз ныллæг хъæлæсæй. . Баба мæм æрбакаст: . — Лæппу, цæуылнæ ’бафынæй вæййыс? — Æз нырма ныр райхъал дæп. Баба мын ницы дзуапп радта, йæхи æруагъта йæ хуыссæны, йæ къухтæ йæ сæры бын бакодта æмæ æдзынæг пьжкастн талынг цармæ. — Баба, зæронд уæлмæрды тута бæласьд бын кæй ингæн пс? Зæронд лæг ’бадис кодта: — Уый та дæ зæрдыл кæцæй æрлæууыд? — Афтæ æнæуи. Умар æм мæлæты æдзыпæг каст. — Умар, зæг.ъыс? — бафарста Баба, стæй цыма 223
æваст йæ зæрдыл цыдæр сусæгдзпнад æрбалæууыд, уыйау «а-а», зæгъгæ, бакодта. — Уый цырыхъгæнæг Ахмæты ингæн у. Уыцы æхсæв мын Баба радзырдта æнахуыр тау- рæгъ. * * * Раджы кæддæр нæ хъæугæрон иу хæлддзаг къæ- сы æрцардысты зæронд лæг Ахмæт æмæ йæ фырты чызг Фатымæ. Раздæр кæм цардысты, кæцæй æр- лыгъдысты, уымæн ничи ницы зыдта. Дæлæ стыр уынджы, ныр колхозы клубы ног агъуыст кæм ис, уым зæронд лæг фæйнæджы гæбæзтæй сарæзта цы- рыхъгæнæн чысыл будкæ. Бонивайæнты-иу Ахмæт æрлæууыд йæ куысты уæлхъус æмæ-иу суанг изæрдалынгтæм нæ ацыд сæ хæдзармæ. Бон ын дыууæ хатты хæринаг æмæ уазал дон хаста 18-аздзыд Фатымæ. Уый уыд æмбисонды рæсугъд чызг. Бæзджын къæбæлдзыг сæрыхъуынтæ, сау сæнæфсиры ног æхсад цупалау, æнцадысты йе уæхсчытыл, нарæг æрфгуытæ хивæнд зылд æркодтой, æрвонхуыз фæлм кæм бадт æмæ гæзæмæ æнкъард- æнгæс чи дардта, уыцы стыр цæстыты сæрмæ. Æн- гомæлвæст чызгон уæнгтыл куыд аив бадти йæ дæрд- джын чырынтæ къаба! . Иухатт изæрдалынгты Умар йæ хуыздæр хæлар Аланимæ здæхти хосгæрстæй. Сæ фæндаг акодтой хъæугæрæтты. Æвиппайды сæ размæ фæци Фатымæ. Йæ галиу уæхскыл хаста æрхуы гогон, æмæ йæ нарæг астæу индийа,г кафæг чызгау фæлмæн ратас- батас кодта. Лæппуты куы ауыдта, уæд цыма цæ- мæй’дæр фæтарст, уыйау йæ цыд фæтагъддæр, сæ зæ- ронд^ кауын кулдуарæй ма иу хатт фæкаст хосдзау- тæм æмæ кæрты фæаууон. 224
Уыцы æхсæв æрæгмæ бафынæп Умар. Дыккаг бон сæумæцъæхæй рацыд хъæугæронмæ æмæ-иу чызг дон кæцæй иста, уыцы суадоны сæрмæ йæхи æрæм- бæхста, стыр дуры аууон. Хуры фыццаг тын фæди- сонау тахт бæрзонд къæдзæхтæм, ныттыхст Сау хо- хыл, æмæ уыдон дæр æдзæм, тызмæг худтгæнгæ сæрттывтой сæууои фæлмы. Райхъал дуне, уæлдæфы ныййазæлдысты мæргъты цинæйдзаг хъæлæстæ. Уд- дзæфы æр(баулæфтимæ кæцæйдæр гæзæмæ æрбай- 4 хъуыст чызджы зарын: «Кæм дæ, кæм дæ, мæ сæфт зæрватыкк. Ногæй æртæх мæнмæ...» Умары за:рдыл æрбалæууыд дыууæ зæрватыччы таурæгъ. Уыдон иумæ æрцардысты сæ ахстоны. Фæ- лæ иухатт сæ иу нал фæзынд. Ие ’мбал бонсауизæр- мæ зилахар кодта ахстоны сæрмæ, кæдæмдæр-иу атахт йæ сæфт къайы агурæг, фæлæ-иу фæстæмæ æрбаздæхт иунæгæй. О, мæгуыр зæрватыкк! Чи æм- бæрста дæуæн дæ æбæрæг катай, дæ хъуырдухæн? Æрхæндæгæй ныддымст дæ, зæрдæ. Ды куыдтай дæ сæфт амондыл дæхи æвзагæй, фæлæ дын никæй бон уыди ба’ххуыс кæнын, ничи æмбæрста дæ æнæзæгъ- гæ хъыг. Изæрмилты ма зæрватыкк фæстаг хатт æн- къард цъыбар-щъыбургæнгæ бирæ фæразил-базил кодта йæ ахстоны сæрмæ, стæй йæ мастæн ферох æн- хъæл атахт кæмдæр арвы тыгъды æмæ нал фæзынд. Дзæгъæлæй баззад сæ хæдзар... Умармæ, цæмæдæр гæсгæ, чызг уыцы зæрватьж- кау иунæг фæкаст æмæ йын фæтæригъæд кодта. Фæ- лæ йын æваст цыдæр уæззау æнкъарæн барджынæй йæ сындз уырзты æрбалхъывта йæ зæрдæ. Кæй мы- сы, цымæ? Кæд ын уарзон уыди, æмæ ныр ууыл хъыицъым кæны? 15 Гуйман 225
Фатымæ зарыди: «Ды атахтæ дæ ахстонæй кæдæмдæр, Нæй раздæхæн дæ дард балцæй дæуæн...» Умар ракаст дураууопæй æ.мæ федта: хъæуæй суадонмæ уырдыджы цы къахвæпдаг цæуы, ууылты йæ æрхуы гогонимæ æрцæйуади Фатымæ. Сæууои прдгæмæ пæр-пæр кодта йæ чырынтæ къаба. Суа- донмæ хæстæг йæ дзабыртæ фелвæста æмæ бæгъæв- вадæй бацыд уымæл уазал хуырыл. Гогоны’ нарæг хъуырæй райхъуыст доны хæл-хæл. Лæппу рæвдз фестад йе ’мбæхсæн бынатæй æмæ уайтагъд .фе- взæрд Фатымæйы уæлхъус. Фæлæ уый уыд, Умар абон дæр йæхицæн кæй нæма иыббарста, ахæм рæ- дыд: чызг фæтарст æнæзоигæ лæджы æнæнхъæлæ- джы фæзындæп, йæ гогоп æмæ йæ дзабыртæ суадо- ны 1 был фæуагъта ’ æмæ тарст сæгуытау дурджын къахвæндæгтыл .ныййарц~сæхирдæм. Фæстейы пæ расырдта Умар. — Ма тæрс! — хъæр кодта уый.— Ма тæрс! Би- рæгъ куы нæ дæн, цæмæй ,мæ тæрсыс?! Гъа, ,ныр чызджы йæ цонгæй ацахсон, зæгъгæ, .куыддæр загъта, афтæ ’уæлтигъ’ фæзыид къæсхуыр, æмпылдтæцæсгом зæропд лæг. Уый уыдп Ахмæт. Æмризæджы пæ нырризын кодта ацы ныв. Æнæуи дæр туг кæм нæ хъазыд, уыцы цæсгом æвиппайды ноджы тынгдæр афæлурс æмæ мæрдонхуыз адардта. — Гъей, гъей! — ныккæрзыдта уый, раталт уыр- дыджы, йæ иупæджы йæ хъæбысы æрбакодта æмæ тымбылкъухæй бавзыста лæппумæ: — Ам дæр та нæ цæрын нæ уадзут? Фæлæ додой уæ къопа кæны! Ис хуыцау. Уый уын нæ ныббар- дзæн йæ тæрпгъæд. Æрвдзæфау фæцп æнæнхъæлæджы цауæй Умар. 226
Сæргуыбырæй раздæхт сæ хæдзармæ. Сæхимæ ничи разынд, æмæ уынгæг зæрдæйæ ныддæлгоммæ йæ хуыссæиы. Уыцы райсом хъæубæсты фæпырх æиахуыр ха- бар. Уый тахти хæдзарæй хæдзармæ, сыхæй сыхмæ, тасæмхæццæ сусу-’бусугæигæ, сусæгæй азæлыд хъу-с- ты, иутæм æвзæрын кодта уазал гу1>1рысхо, инпæты зæрдæты уагъта фыдæнæны цин." —- Мæхæдæг æй фсдтоп’. Дæлæ дописæпы сæрмæ. Чызгаон тыхми кæнынмæ хъавыд. — О, æиаккаг! Цытæ йын æнтысы! Мæгуыр си- дзæры сæрыл сдзурæг иæй, зæгъга\ уæд хъæубæсты фари æмæ æгъдау йæ къæхты бын акæныпмæ хъа- вы? — Умар афтæ нæ бакæндзæн.,.- — Цы бæрæг ис?.. Лхæм ныхæстæ фехъусæн уыд алы тигъыл дæр, алы хæдзары дæр, иудзырдæй, дьтууæ хъæубæстаг адæпмаджы кæмдæриддæр фембæлдаиккой, уым. Умар иицыма зыдта. Фæлæ сахаты фæстæ сæ кæртмæ лæбурæгау æрбахауд Ахмæт. Йæ рахиз къу- хы иниæ бонтæй уæлдай ацы хатт уыд лæдзæг, йæ галпу’ къухæГгта хæцыди Фатымæпы цопгыл, ласæ- гау æй кодта нæ фа^дыл: — Рану, рацу! Уадз>æмæ феной, мæгуыр сидзæ- рæн цы митæ бакодтои, уый. Къæсæрыл фæзынд Умар. Чызг фæкомкоммæ лæп- пуйы фæлурс цæсгоммæ, афæлвæрдта йæхи йæ фы- дыфыды къухæй феуæгъд кæпыпыл, фæлæ йыл Лх- мæт иоджы тынгдæр куы рахæцыд размæ, уæд лæгъ- стæгæпæгау кæуынхъæлæсæй загъта: — Дада, ныууадз сæ. Нæ хъæуы... Фæлæ дада иæ хъуыста. Комкоммæ цыд йе зпаг- мæ æмæ æрлæууыд тыр’гъы схизæпты цур. 227
— Цы уын кодтам? — мæстæлгъæд фæсус ,хъæ- Лæсæй, хæстулæфтгæнгæ, тагъд-тагъд дзырдта Ах- мæт.— Кæй худинаг кæныс ды? Æз нырма мæ къæх- тыл лæууын, ме стæг ма фидар у. Мæ спдзæры ху- динаг кæнып пæ бауа^цздзыиæп. Æпаккаг! Æркæс- ма, цы бакуыстай сывæллонæн, уымæ—æмæ Ахмæт- йæ лæдзæгæй -ацамыдта чызджы бæгъæввад къæх- тæм. Умар федта: галиу къахы æнгуылдзты æхсæ- нæй хъардта туг, фадхъул уыди саудзæф. Умар цы- дæр сдзурынмæ хъавыд, фæлæ йып æваст цавæрдæр уынгæгдзинад хурхгæиæгау æрбалхъывта йæ хурх- уадындзтæ. Фатымæ куыдта сабыр хажъуырщгæпгæ, пæ цæссыгтæ сæууоп æртæхау згъæлдысты æмæ на^ фæлмæн рустыл дæлæмæ æрфæд кодтой. — Ахмæт...— уьщæргъæгау загъта лæппу. — Ах- мæт, ныббар мып. Æз Фатымæйы бафхæрынмæ нæ хъавыдтæн. Æз...Æз... х Фæлæ дарддæр "зæгъын ницыуал бафæрæзта, фæ- тарст, йæхи куы нал баурома æмæ богъ-богъæй куы ныккæуа зæронд Ахмæт æмæ йæ уарзон чызджы цур, уымæй} Уыцы бонæй фæстæмæ Умар уыпгмæ арæхиал цыд. Изæрдалыпгты-иу нал хъуыст цъæхсиаг хъæ- лæс хуымонты æхсæиæп, нал-иу фæхудын кодта йæ хъазæн ныхæстæй ,йе ’мбæлтты. Мадзура, æлхынцъ- æрфыгæй-иу сæумæщъæхæй ацыд йæ куыстмæ æмæ- иу нзæрæй фæллад æмæ æнкъардæй фæзынд сæ хæ- дзармæ. Рацыд иу аз. Рæстæг — æвдадзы хос — йæ уæз- бып уырзтæй дзæбæх кодта æвзонг зæрдæйы хъæд- гæмттæ. Майы бæрæпбон колхозонтæ цыдысты Беслæнмæ дугт^ фенынмæ. Алан æмæ Умар сбадтысты фæстаг бричкæйы. Куьтддæр бæхтæрæг гыццыл лæппу бо- 228
зимæ февнæлдта æмæ «но», зæгъгæ, фæхъæр ласта, афтæ уынджы тигъæй æрбазынд Фатымæ. Уый æр- батындзыдта бричкæйы фæдыл, фæлæ уайтагъд цы- ма цæуылдæр фæфæсмон кодта, уыйау" фæлæууыд. Умар йæ цæстытыл нæ баууæндыд. Цыма йæ рæ- сугъд фын кæдæмдæр йæ базыртыл æдзæм фæлмы узгæ хæссы, афтæ йæ,м фæкаст. Æгæрон æхсызгон- дзинад ахъардта йе уæнгты, нынкъуыст йæ зæрдæ æмæ ахст маргъау йæхи ныххоста риуы къултыл. Бричкæйæ æргæпп кæнынмæ хъавыд, фæлæ йын Алан йæ къух ацахста: — Бад дæ бынаты! Хъуыддæгтæ мæ бар уадз. Алан рахызти, бауад бæхты размæ æмæ сæ ба- урæдта. — Фатымæ, тагъддæр! — загъта уый.— Дæлæ мæ бынаты сбад, æз мæнæ разæй бæхтæрæгимæ абад- дзынæн. / / Уыщы ныхасмæ бричкæйы бадджытæ се ’ппæт дæр фæкастысты Фатымæйырдæм. Чызг ныфсæрмы, цы кæна, уый нал зыдта, фæлæ та Алан, рæвдздæр, зæгъгæ, куы сдзырдта, уæд уæззау уаргъы бын цæ- уæгау сындæг къахдзæфтæй бараст бричкæмæ æмæ с!бадти Умары фарсмæ. Бæхты сæрмæ ехс калмау æрзылд уæлдæфы, рай- хъуьист |цæл(хыты гыбар-гыбур æмæ рыг къуыбылæйт- тæй сыстад бæлццæтты фæдыл. Дзæвгар рæстæг цыдысты æнæдзургæйæ. Умар йæхимидæг тыхсти, йæ хъуыдыты тыхагуырд кодта бæллиодаг ныхасы раидайæн, фæлæ йе ’взаг пын- дзыг, йæ коммде нал касти. Бричкæ та згъордта быдырон гакъон фæндагыл, хъыррыст" кодтой цæлхытæ дуртыл æмæ дардыл хъуыст æнæсæрст сæмæнты иугæндзон удаист зарæг. — Фатымæ,— загъта æппынфæстаг лæппу. Фæлæ. 229.
чызг ницы фехъуыста. Уæд Умар/ цыма йæ хъуыр сыгъдæг кæны, уыйау рог схуыфыд æмæ хъæрдæрæй бафарста: — Фатымæ, мæсты ма маам дæ? Чызг æм скаст дисхуызæй: — Æмæ дæм æз мæсты куы никуы уыдтæн. — Куыд æдылы ми бакодтон уæд... — Мæхæдæг дæн аххосджын, сæрхъæнау цæмæн ралыгъдтæн. — Фатымæ, уæдæ дæу уырны, дæ бафхæрын мæ æппындæр кæй нæ фæндыд, уый? — Уырны мæ. Куыд. фæлмæн хъæлæе уыд Фатымæйæн! Умар никуы фехъуыста ахæм хъæлæс. Йæ зæрдыл æрлæу- уыд, кæддæр фиййæутты уæтæры йæ мидфынмæ кæй хъуыста, уыцы диссаджы зарæджы дард мыртæ. Уый фиййау цагъта йæ уадындзæй фæсрагъ. — Фатымæ, куыд хорз у, немæ кæй рацыдтæ! —ч ацы ныхас æгæр уæндон фæкаст Умармæ, фæлæ чыз- джы цæсгомыл фæлмæн мидбылхудт куы ахъазыд, уæд йæхи нал баурæдта æмæ ноджы хъæрдæрæн загъта: — Куыд хорз у! Уьщы дзырдтæ уыдысты цины денджызæй фесхъи- уæг æртæхтæ. • — Дада мæ нæ уагъта, фæлæ йын куы алæгъстæ кодтон, уæд’еразы. Мах дада тынг хæларзæрдæ у. — Гъай-гъай,— йæ сæр разыйы тылд бакодта Умар.—Фæлæ хаттæй-хатт æгæр æнкъард вæййы. — Иæ цард ахæм уыд. Иунæг фырт ын уыдие — мæ фыд —æмæ уый дæр æххормаг азы тифæй амард. Иæхи та йып адæм мæстæймарын раидыдтой. — Уæд цæмæн? . ЧыЬг йæ сæр дæлæмæ .æруагъта, дзæвгар рæстæг 230.
НицЫуаЛ сдзЫрдТа, стæй арф ныуулæфыд æмæ рай- дыдта: — Мæ фыдыфыд уыд сыгъдæгзæрдæ æмæ раст адæймаг. Фæлæ кæддæр æнамонд фæндагыл бафтыд. Иухатт æй зындгонд къæрных Алибегимæ æрщахс- той цырыхъхъытæ давгæ. Ахастой йæ Сыбырмæ æмæ фондз азы фæстæ бынтон зæрондæй æрцыд нæ хæ- дзармæ. Ногæй та райдыдта цырыхъгæнæджы куыст, фæлæ зæронды йæ раздæры знаг хæрамзæрдæ Габо æнцад нæ ныууагъта. Хъæубæстыл барæй айхъуы- сын кодта, Ахмæт хром цырыхъхъытæ уæй кæны, зæгъгæ. Зæронд лæджы мæстæймарынæн нæ.хæдзар- мææрвыста базаргæнджыты. - * Дадайæн-иу цырыхъхъыты коймæ йæ маст ра- фыхт, дзæбугимæ-иу додойгæнгæ расырдта æрбацæу- джыты. Фæлæ куыд тынгдæр мæсты кодта, афтæ йæм фылдæр адæм цыд. Сывæллæттæ-иу йæ фæдыл хъæр систой: «Цырыхъхъытæ, хром цырыхъхъытæ!» Фæлæ сын цы йæ бон уыд? Æппынфæстаг йæ сæрæн куы нал уыди; уæд ныууагътам нæ хæдзар æмæ æрлыгъ- дыстæм сымах хъæумæ. Фатымæ ацы хабар никуы никæмæн радзырдта. Ныр дæр йæ зæрдæ цæмæдæр фехсайдта, кæ^мдæр иæ цæстæнгасы арфы анхъæвзыд тасы мынæггонд уылæн. Аивæй зулмæ бакасти чУмармæ æмæ лæгъс- тæгæнæгау загъта: — Умар, æрмæст мæнæй цы фехъуыстай, уый ма- кæмæн схъæр кæ. — Цытæ дзурыс, Фатымæ! Никæд æмæ никæмæн. Ч * * Баба банцад. Æдзынæг та ныккаст талынг цар- мæ, хъуыдыты аныгъуылд, стæй æваст, цыма йæ 231
цæстыЛ Цьидæр тæссаг æидæрг ауад, уыйау иьжкæр- зыдта æхсæвы тары: «Ехх!.. Умар ’нæ сæххæст код- та йæ дзырд. Кæмдæр чызджы ныхæстæ нозтджы- нæй радзырдта кæмæндæр æмæ уыцы æнамонд тау- рæгъ уайтагъд базыдта æппæт хъæубæстæ дæр. Адæммæ бахъардта зæронд лæджы тæригъæд. Уы- дон сфæнд кодтой æмхуызопæй Ахмæтæн феххуыс кæнын, цæмæй дзы йæ рагон рæдыд ферох уа æмæ фыццагау адæмы æхсæнмæ æнæкъæмдзæстыгæй цæ- уын райдайа. Колхозы правлени уынаффæ рахаста зæронд лæгæч ног хæдзарчсаразыны тыххæй. Алцы- дæр цыди йæ уагыл, хур скасти мæгуыр бинонты сæр- мæ. Фæлæ иуизæр Ахмæты уæлхъус балæууыд Ха- сан (рухсаг уаад, уый дæр хæсты фесæфт). — Дæ бон хорз, Ахмæт! — загъта, уый.— Хром цырыхъхъытæ уæййаг дæм хонынц. Æрвдзæфау фæци зæронд, йæ къухæй æрхауд йæ хуиинаг дзабыр, йæ цæстытæ атартæ сты, йæ сæр разылд, йæ фæлурс тæнæг былтæ ризгæ кæрæдзийче фæхицæн сты, æмæ цъусдуг уадзыгау дзæгъæл каст кодта чæрбацæуæгмæ. Уазал фæлм ын ахгæдта йæ цæстытæ æмæ нæ федта, иннæ расыг дыууæ лæппу- йы бæлæсты аууон стыр цаумæ æнхъæлмæ кæсæг’ау куыд ныссабыр сты, уый.- Фæлæ уыцы рæстæг бирæ нæ ахаста. Уæззау фынæйæ цыма фехъал, уыйау Ах- мæт фæлæбурдта йæ дзæбугмæ, фæгæпп кодта йæ бынатæй, йæ къух дард фæхаста. Тарст лæппу йæхи иуварсмæ аппæрста æмæ уынджы цæхгæрмæ алыгъд. Суры йæ фæсте Ахмæт, суры. Цыдæр хъизæмайраг мыртæ схауынц йæ дзыхæй, фæлæ сын бамбарæн нæй. Ныртæккæ лæппу тигъы аууон фæуыдзæн, нал æй баййафдзæн. Зæрондæн та фæстæмæ здæхæн нал ис ,йæ бынатмæ, адæм иугæр хабар кæм базыдтой, уьиА æй цæрын нал ныууадздзысты. Нæ, искæмæй сæ .232
йæ маст куы нæ райса, уæд мæрдты дыккаг мард кæндзæн. «О, æнаккæгтæ, цы уын кодтон, мæ мæгуы- рыл мæ цæуылнæ ныууадзут? Уæ, хуыцау, мæ хæрæ- джы игæртæ дын фæлдыст фæуæнт, кæд мæ цæмæн удхарæй марыс! Фæлæ багъæцут. Ахмæт чи у, уый фендзыстут!..» Суры Ахмæт , лæппуйы. Ныхы æнхъырдтæй ра- хъардта хиды лыстæг æртæхтæ. Æвиппайды фæсте фехъуыст кæйдæр худын, стæй уæззау дуртау йæ зæр- дæйыл сæмбæлдысты лæппуты мæстæймарæн ны- хæстæ: — Цырыхъхъытæ! — Хром цырыхъхъытæ! — Хасан, кæдæм лидзыс æнæ цырыхъхъытæй? — Цырыхъхъытæ! Сыгъдæг хром, цырыхъ- хъытæ!! * Тынгдæр рафыхти Ахмæты маст. Йæ фæстаг тых- тæ æрæмбырд .кодта, йе знаджы фæдыл азгъордта ноджы тагъддæр, фæлæ йæ къах дурыл скъуырдта æмæ дæлгоммæ бахауд... Цалдæр .минуты фæстæ уыиг байдзаг адæмæй.' Устытæй чидæр æрхоста йæ уæрджытæ æмæ уынгæг хъарæг цæссыг кургæ атахт хъæуы сæрты. Адæм куыдтой æнамондыл. Уæдмæ кæцæйдæр фæзынд Фатымæ дæр. Ныд- дæлгоммæ, мæгуырæг, йæ фыдыфыды мардыл. Ар- вæй зæххы астæу ын иунæг уый уыди. Хæхтæ рызты- сты йæ дзыназынмæ, дур скъуыд йæ тæригъæдæй. Куыдта Фатымæ. Йæ цæссыгтæ суадæттау згъæлды- сты Аххмæты риумæ. Дыууæ усы йын йæ дæлæрмт- тыл ныххæцыдысты æмæ йæ сыстын кодтой. — Дæхи æгæр ма хæр, Фатымæ. Кæуынæй иицы- уал ис. Æваст фенцад Фатымæ. Æрра цæстытæй ныккаст 233
/ адæмы æхсæимæ,/стæй йе ’пгуылдз рйзгæ сисТа æмæ кæмæдæр бацамыдта: — Уартæ и! Уартæ марæгЬ Дадайы марæг! — пыхъхъæр кодта’ уый æмæ уадзыгæй æрхауд устыты къухтæм. -■ Хъæуккæгтæ, Фатымæ кæцырдæм амыдта, уыр- дæм куы фæкастысты, уæд федтой Умары фæлурс цæсгом. Уый тагъд-тагъд йæхи айста адæмы æхсæ- иæй, стæй æваст, пыма йæ фæсте карз тæрхоны фы- дæх расырдта, уыйау азгъордта хъæугæронырдæм >æмæ уайтагъд айсæфт æхсæвы тары». , * * * — Лæппу,— загъта йæ ныхасы кæронд Баба,— æз дын радзырдтон дыууæ рæдыды таурæгъ. Зæронд цы- рыхъгæнæг иухатт йæ фæндагæй кæй фæцудыдта, уый ’уыди фыцца^ рæдыд. Адæймаг хъуамæ макуы фæчъизн кæна лæджы ном, кæннод цæрæнбонтæм фæсмойнаг фæуыдзæн. \ / Фæлæ къаддæр ,нæ уыд Умары рæдыд дæр. Уый раргом кодта кæйдæр зæрдæйы рлсгæ хъæдгом. Адæймаджы æууæнкæй зынаргъдæр ницы ис,. æмæ йæ кæддæриддæр цæстыгагуыйау хъахъхъæыын хъæуы.
САХАТ Раздæр цардыстæм хъæуы сæр Урсдоны тааюкæ былгæрон, фæлæ хæсты фæстæ нæ цæрæнуат байвтам Данелы хæдзарыл. Ницы уа- диссаг уыди нæ ног агъуыст дæр — самандурæй амад дыууæ уаты æмæ стыр сара, ныллæг рудзгуыты сæр- мæ уарынтæм æмбыд рейкæтыл хауынæввонг æрца- уындзæг сты æмбæрзæн дуртæ, хæлддзаг кауын кул- дуар тыхурæд кодтой быцæугонд дыууæ михы. Да- нел нæ уæддæр’ фидауæггаг агуырдта мæ фыды сахат. Цал хатты иæм æрбащыд, ,цас ыл фæдзырдта! Æндæр дæ шщы хъæуы, Данел! Нæ дыгæрдыг ын радтам, фæлæ сахат нæхимæ баззад. Галы цæстæй стырдæр, хæрздымбыл, сызгъæринытылд лыстæг рæ- хыс ын. Дæ армытъæпæнмæ^ йæ сабыргай æруадз æмæ йæ цæгтæ кæрæдзи сæрыл абадынц, стæй хоры нæмгуытау фæйнæрдæм фæхæлиу вæййынц æмæ хæрзчысыл æрттиваг тæлытæ къух байдзаг кæнынц. Гыцци йæ йæ фанерæй конд зæронд чырыны æм- бæхстæй дардта’ алыхуызон хъуымацы гæппæлтæ æмæ сæрачы тыхтæтты бын. Нæх,имæ-иу куы иичи уыд, уæд-иу æй æз сусæгæй систон... Нæ хæдзар куы ивтам, уæд Гыцци афтæ загъта: «Хъæугæрон цæрæм... Æвзæр цæуæг дæр вæййы. Хъæ- уы астæу та æдасдæр у». 235
Мæ хлстæр æфсымæр Ацæмæзмæ хардзау фæкас- тысты йæ ныхæстæ. — Уæчдæ ма чифæнды дæр æрбауæндæд,— загъта уый,— кæддæра йæ къæбут ныхгæ нæ афардæг уаид! Сахат цы чырыны ис, уый мæ сынтæджы бын æвæрд у æмæ... Алы хатт дæр афт,æ кæны. Иæхицæй хъуыддаджы сæйраг цæджындз ацаразы, цыма дзы æз æппындæр ни- цуал вæййын. Ничи йæм хъусы: «Мæ сынтæджы бын».., Хуысгæ иумæ фæкæнæм, уæд уый сынтæг кæцæй у?.. Ие ’м’бæлттимæ искæдæм, йе кæсæгтæ ахсынмæ, йе æхсæрдзуан куы фæцæуы, уæд мæ йемæ нæ фæ- уадзы, дæхи ’мгæрттимæ, дам, хъаз, (махимæ дын уа- ринаг вдщы ис, зæгъгæ. Лæг æм мæстæй тъæпп куыд нæ ахаудзæп! Ахæм сахат лæгъстæтæ кæнæ хыл- къахæп гæппытæй нйцы пайда ис. Кæд дын са? фæ- дыл сусæгæй цæуын бантыса, уæд хорз. Хъæу дзæв- гар адард и, зæгъгæ, уæд дæ фæетæмæ нал раздах- дзæн. «Фæлæуу, нæхимæ ныццæуæм, стæй дын æз, цы хъæуы, уый бакæндзынæн» — уыцы æртхъирæп мын йæ рæвдауæн ныхасæй æхсызгондæр вæййы (æниу йæ фæлмæн дзырд цы ад кæны, уый зонгæ дæр нæ кæиын, стæй мæ хъæугæ дæр ницæмæн кæ- ны, йемæ-иу мæ балцы цæуын уадзæд, æндæр). Фæ- лæ иугæр къорды уæнг сдæ, уæд дæмчысыл сывæл- лонау’ йæ цæст дардзæни, кæсаг ахсгæйæдын тæрс- дзæии, миййаг, дæ къах цыргъ дурыл куы фæлыг кæнай, æхсæрдзуаны дæ йæхпцæй дард нæ ауадз- дзæн, фæдзæгъæл уыдзынæ тархъæды æмæ дæ би- рæгътæ бахæрдзысты, зæгъгæ.. Иухатт колхозы дыргъдонæи цъæх чылауитæ куы давтам, уæлдай æм- бисонддæр та уæд фæци. Ис ^мбæлттæ ногстыгъд гæн бæхсныг здьгхт акод- той, сæ астæутæ дзы æпгом балвæстой, æмæ уайтагъд 236
€æ цъыпда хæдæттæ окъуыиыны опг ныддымстысты. Уыцы рæстæг ме ’фсымæр та мсмæ тох кодта, бæ- лæстæм мæ хæстæг пæ уагъта, иуварс, дам, лæуу партхоры хуымгæрон, кæннод, дам, хъахъхъæнæг ис- кæцæй куы фæзына, уæд дæ æрцахсдзæн. Æмæ æз кæмæй фыддæр дæн згъорынмæ? — Хорз,— загътон æз,— ам уæ,м æнхъæлмæ кæс- дзынæн... Куыддæр ме ’фсымæр* бæласмæ сбырыд, афтæ æз дæр сусæгæй смидæг дæн дыргъдоны. Ацæмæз мæ ’ауыдта. Æвæццæгæн, мæм чылауи тонгæйæ дæр йæ цæст дардта. Бæласæй æргæпп кодта æмæ дын ме- рдæм æрбазгьоры. Йе ’нгуылдзтыл дзпдза нæй, æр- мæстдæр стæгæй конд сты, дæ буарыл искуы андзæ- вæнт, æндæр, сæ фæд аркъауы æлхъывдау сау тæл- мæй аззайдзæн. Цыма æвиипайды айдæн рухсмæ ферттывта, уый- ау мæ зæрдæйыл сæмбæлд йæ цæстæнгас. Йæ цæс- тытæ — чылауийы хуызæн цъæх, мæ комыкъултæ цы- дæр æнахъипон мæстхалыг ад скодтой, арахъхъы бнрæ чи фæци, ахæм туаг æхсынцъыйау. Мæ цæ’сгом мын хостой, судзгæ хурмæ чи ныббур, уыцы хъуыдыды нартхоры дæрзæг сыфтæ, сæ бур рыг мæ хъуыры æнцъылдты хидимæ схæццæ æмæ дудыдта, къабайы зæрондæй конд майкæ æмæ цы- быр хæлаф та къæмдзыджытæй иу дæр фæсте нæ ныууагътой. Фæлæ æз лыгъдтæн мæ тых-мæ бонæй, мæ хъусты тарст сыф-сыф кодтой хъыгдард нартхоры сыфтæ, æмæ мæм афтæ каст, цыма ме ’фсымæры стæг æн- гуылдзтæ ныртæккæ мæ бæрзæйыл аныдзæвдзысты, Уайтагъд хуым фæрухсдæр, жъудзи бæлæсты хуы- зæн цъæх-цъæхид бæзджын хъамылæй ма сæ сæртæ хæрзчысыл зындысты иугай нартхæрттæн æмæ се 237
’хсæнæй разынд хурмæфых бур быдыр, йæ риуыл бы- рæг калмау къæдзтæ-мæдзтæй радаргъ æрттивгæ уадздзаг. Уый уыди Урсдон. Иæ фаллаг фарс фæл- мы ыыгъуылди нæ хъæу, цыма хæдзæрттæ æмæ бæ- лæстæ æмхуызонæй копрадзху’ыз чъырæй цагъд уы- дысты, уыйау. Доны фаллаг фарс йæ мыдзыраджын лæдзæг зæххы нытътъыста, цинелы зæронд ыл æрцауыгъта æмæ хураууоны хæрзчысыл зиллаккыл бадтис хъом- гæс. Стурвос апырх сты былгæрæттыл, сæ сæртæ æмæ къæдзилты тылдæй сырдтой тугцъир бындзыты, æртæ къамбецы та схуыссыдысты доны тæккæ астæу, хæрдмæ ивæзтой сæ къубæлттæ, дон сæ фындзыхуын- чъыты куыд чæ бакæла, афтæ. Цазмæдæр гæсгæ мæм афтæ фæкаст, цыма бонрæфты æгуыппæг тæвд цъыр- цъырæгты уастау мæ хъусты азæлы, æмæ мæ цæс- тытыл ауад «Кæсыны чиныджы» мыхуыргонд хуры ныв: удго’ймагау хинцъыыд бакодтач йæ цæстытæ, хæрзтьшбыл цæсгомыл фæйпæрдæм айвæзтысты бæз- джынбылтæ хæлар мпдбылхудтæй, йæ алфамбылай та фæттау цалдæр раст ха^хы. Ныртæккæ дæхи Урсдоны ныппар, уымæй дзæ- нæтдæр ма цы уыдзæн! Хуымгæрон къанау къахт ис, хъуамæ дзы колхо- зы бйдырмæ дон цыдаид, фæлæ хæст куы райдыдта, уæд æрдæгкъахтæй баззади. Йæ былмæ куыддæр ба- хæццæ дæн, афтæ æгуыппæг уæлдæф æвиппайды тых- ивæзт хъуымацау аскъуыд: мæ тæккæ сæрмæ нæргæ ацыд топпы гæрах, стæй хæрзхæстæгæй райхъуыст кæцдæр араугæ хъæлæс: «Хæцут сыл!» Мæ рæзты уЫ’ЦИу . сыф’фытт æрбакодтой Ацæмæзы æмбæлттæ. Къанауы куыд февзæрдтæн, уый зоыгæ дæр нæ ба- кодтон. Дзуццæджы æрбадтæн æмæ къанауы былмæ мæхи ’, балхъывтон. Уæле мыл къуыбæрттæ æркалд. 238
Хæрдмæ фæкастæн. Ацæмæз дæлгоммæ хуыосыди мæ тæккæ сæрмæ къанауы былыл. Йæ къухтæй фæйнæ- рдæм ра&одта кæрдæг, йæ армытъæпæнтæй йæхи хæрдмæ систа, фæйнæрдæм акæстытæ кодта, стæй йæ галиу къух йæ дзыппы, афтæмæй мæ’ цурмæ æргæпп- кодта. Тъæпæн æрбадти зæххыл. — Иннæтæ цы фесты? Йæ цæстытæ чылауийы хуызæн цъæх нал уыды- сты. Мæ комыкъултæ дæр туаг æхсынцъыйы ад нал •скодтой, æрмæет æвиппайды банкъардтон, фырдой- ныйæ кæй фæмæлый. — Нæ зонын,— ’мæ сæр истæмæ хъуызæгау фæ- гуыбыр кæнгæйæ, фæсус хъæлæсæй загътон æз.— Мæ рæзты æрбацæйлыгъдысты, фæлæ цы фесты, уый иал федтон.—Ацæмæз йæ галиу къух нæ иста йæхæ- лафы дзыппæй, йæ иннæ къухы амонæн æнгуылдзæй та ныхта йæ роцъойы къуыр’ф. Æваст йæ былтæ куыддæр фенцъылдтæ сты, фæй- нæрдæм айвæзтысты, сæ кæрæттæ бынмæ æрщыды- сты æмаё сæ роцъойы зиллаккимæ баиумæ бирæ нал хъуыд. Æмæ мæм афтæ ф.æкаст, цыма йæ цæсгом дзæвгар ’къаддæр фæци. Йæ дзыхæй схауд хъæрзы- иы хуызæн мыртæ: «ыуу», «ыуу». Кæугæ арæх нæ кодта ме ’фсымæр, куы-иу куыд- "та/уæд та хъæрæй. Ныр æрвдзæфау фæдæн йæ са- быр хæкъуырццæй. Æнæмæнг, цыдæр бæллæх æр- цыд. — Цæуыл кæуыс? — тарстæй бафарстон æз. Ме ’фсымæр сыстад. — Кæугæ ничи кæны,— æрæджиау загъта уыи,— ам маём банхъæлмæ кæс, æмæ æрæгмæ куы здæхон, уæд нæхнмæ ацæудзынæ. ; Нартхоры хуымы куыддæр фæаууон, афтæ æз дæр схызтæн къанауæй æмæ сусæгæй цыдтæн йæ фæд- 239
фæд. Зыи бамбарæн нæ уыд, Ацæмæз дыргъдонмæ кæй дæуы, уый. Хъахъхъæнæг, йæ топп пæ уæхскыл ауыгъд, аф- тæмæй лæууыд иартхорæй бæлæсты æхсæи. Йæ хъус- тыл уынæр куы ауад, уæд йæхи амбæхста ставд-зæнг чылауийы аууон. Ацæмæз рацыд хуымæй, æз та мæ гуыбыны цъарыл хæстæгдæр бабырыдтæн хъамыл- гæрдæджы дыргъдонмæ. æмæ æнхъæлмæ кастæн, дарддæр цы уыдзæн, уымæ.» ’ ’ — Дæхицы ’мбæхсые,— бахъæр кодта хъахъхъæ- пæгмæ ме ’фсымæр,—давынмæ, миййаг, не ’рбауадтæн. Хъахъхъæиæг уыди коса лæг. Сæрдасæн æлхæ- ныи æй никуы бахъуыд,' æрфгуыты бæсты йæ æпæ- тъыфыл дæстыты сæрмæ уыднс цалдæр хъуыны, уы- донæн дæр бæрæгхуыз нæ уыд æмæ йæ тъæпæп цæс- гомыл нæ зындысты. Йæ цæстытæ кæддæриддæр цъынд вæййынц, цыма лæугæ-лæууы’н дæр æдзух фынæй’ фæкæны, уыйау, фæлæ ныр уыдысты бынтон хæрзтым|был, талынг^уаты дуары лыстæг хуынчъы- тау сæнтсау, уымæн æмæ дзы гагуытæй уæлдай ни- цы уыд. Уый сабыргай æрбацыд Ацæмæзмæ, стæй йын æваст йæ цонг ацахста. — А, джауыр,' ды кæй сайынм-æ хъавыс? — Ма мыл хæц, никæдæм лидзын,— йæхи суæгъд кæныныл афæлвæрдта ме *фсымæр, фæлæ^ йын йæ цонг • æгæр æлхъывтой хъахъхъæнæджы цьибыр æн- гуьтлдзтæ. — Кæм сты де ’мбæлттæ? — Цавæр æмбæлттæ?, Хъахъхъæнæг йæ къухæй топпы хъæдыл фæхæцыд. — Цы ’нхъæл дæ? Кæм сты де ’мбæлттæ? — Цавæр æмбæлттæ? — ногæй та бафарста ме ’фсымæр. Кора лæг йæ тых-йæ бонæй ныхъхъæр кодта: 240
— Æрдæбон кæимæ давтай æмæ бæлæсты къа- лиутæ кæимæ ныссастай, уыдои! — Хъæр ма кæ, къуырма нæ дæн,— ■бынтоп æдых- стхуызæй загъта ме ’фсымæр,— зæгъдзынæн дын сæ.— Æрмæст мæ уæртæ уыцы бæласы бынмæ «ба- уадз,— æмæ йæ амонæп æнгуылдзæй ацамыдта пæ- лæхсар ныллат чылауимæ. Коса ногæй фæцæйфынæй кодта, цæстытæ сæ че- мы æрдыдысты. — Æдылы мæ хоныс æви? Алидзынмæ хъавыс? — Алидзынмæ куы хъавин, уæд дæ цурмæ æрба- цыдаин? ^ ’ —, Тагъд, демæ чи уыд, уыдон схъæр кæн! — Мемæ уыди æрмæстдæр мæ кæстæр æфсы- мæр. — Стæй? — Æндæр ничи. — Ма кæ, ма мæ мæсты кæ!—хъахъхъæнæг йæ "тых-йæ бонæй йæхицæй асхуыста Ацæмæзы, æмæ йæ тъæпп зæххыл фæцыд. Ме ’мбæхсæн бынатæй фæ- гæпп ластон. — Мæн йедтæмæ ничи уыд йемæ!—фæхъæр код- тон æз æмæ мæхи бауагътон коса лæгыл. Фæлæ ме ’фсымæры фарсмæ куыд æрфæлдæхтæн, уый зонгæ дæр нæ бакодтон. — Гъæй кæнут ардыгæй, *æмæ ма уæ искуы ам ,куы фенон, уæд уæ гуырæй райгæ ут,—|бартхъирæн кодта хъахъхъæнæг æмæ нæ разæй ацыд. Сæргуыбырæй цыдтæн ме ’фсымæры фæдыл нарт- х^оры; хуымы. Къаиаумæ куы бахæццæ стæм, уæд мын Ацæмæз загъта: — Ды уæддæр ме ’фсымæр дæ... Иокæп куыд схъæр кодтаип?..— пæ былтьт кæрæттæ та сабыргай бынмæ æривæзтысты, фæлæ ацы хатт йæхиуыл ных- 16 ГуПман 241
хæцыд.— Сахат фесæфтон. Ме ’мбæлттæм æй равди- сон, зæгъгæ æмæ... Цу нæхимæ. — Ды та? .— Æз уыйфæстæ. Нæхимæ мацы зæгъ. Гыцци афтæ, уæ фыдæй, дам, иунæг ацы дзаума баззад... Цу. — Цæуын. Фæлæ цæугæ ракодтон, æнæдзургæйæ дзæвгар куы фæлæууыдтæн, уыйфæетæ. Куыд хорз уыди нæ сахат! Галы цæстыйас, тымбыл, æрттиваг... Кæннод йæ сызгъæринытылд рæхые... Нæ фыды дзаумæттæй баззад нæ хæдзары... Ноджы Гыцци хабар куы ба- зона... Аба-бау! ■ * % Мæ мад, быдыр,æй æрбащыд изæрдалынгты. Нæ рудзынг уыди сает, нæ сынтæджы бын нал уыд, дза- быртæн’нын кæй ^ауæрста, уыцы сæрачы гæппæлтæ æмæ, зæронд бæзджын хæцъилты бын сахат æвæрд кæм уыди, уыцы чырын. Æз цæттæ уыдтæн алцæмæ дæр. Хорз зыдтон, над ныл уайдзæн, хæдзар иунæ- гæй кæй ныууагътам, уый тыххæй. Гыцц’и ахæм митæ нæ бары... Фæлæ\æз куыд æнхъæл уыдтæн, хъуыддаг уы- мæй н’оджы а^взæрдæр рауад: Гыцци талынг хæдза- ры ныддæлгоммæ хуыссæныл æмæ куыдта хæкъуырц- цæй, иæ фыдæй марды хабар куы сыхъуыст, уæд куыд куыдта, афтæ... Сагъдауæй баззадтæн къæсæрыл. Мæ рустыл ба- лкъардтоп мæ цæс’сыгты хъарм. , — Цæмæн ныууагътат хæдзар æвæгæсæгæй! — хæкъуырццæй дзырдта Гьщци.— Мæхищæн уæ зæр- дæтæ куы ’вæрын, хæдзар дардзысты, зæгъгæ, сымах та бонвыддæр куы кæнут! Бьшæн уын иунæг сахат баззад уæ фыдæй, æмæ йæ куы нæ бахъахъхъæдтат! Цы дзуапп радтаип ацы æвирхъау уайдзæфæн æз? 242
Й>æлтау мæ адæмы Цур æмбисонды пад куы фæкод- Таид! | Гыодич, ныссабыр. Сыстад, фæтæгеиы цырагъы саст авг йæ къоппæй оиста, баулæфыд дзы æмæ йæ ^æцъилæй асæрфта, стæй фител ссыгъта. — Кæм и лæппу? — Йæхи найынмæ ацыд. • Уыцы ’хсæв ыæ фæзынд Ацæмæз. Æнæхъæп сы- хæй йæм ’агурæг ацыдыстк, фæлæ йæ не ссардтой. Бонивайæыты æрбацыд нæхимæ Гыцци дæр. Æртæ- хæй йæ къæхтæ æмæ йæ къабайы фæдджитæ уыды- сты хуылыдз. Йæ цæсгомы туджы цъыртт нал уыд. Йæ былтæ, цыма сырх тутатæ бахордта, уыйау пьщъ- цъæх сты. Мидæмæ не ’рбацыд, лæууыд кулдуармæ æмæ касти быдырырдæм. Æхсæв-бонмæ цырагъы ав’г сатæгсау .сси алайæ. Бонивайæнты уый дæр ахуыс- сйд, æвæццæгæн, фæтæген фæцис. \ Сихорыл Гьщцимæ хъæусоветæй фæдзырдтой, дæ лæппуйы, дам, дын, колхозы дыргъдоны æрцахстой... Сахаты фæстæ дыууæ дæр фæзындысты нæхимæ. Ахæм хъæлдзæгæй сæ никуы федтон. — Цæуылнæ мын схъæр кодтай хабар? — бафарс- та мæ Гьщци. — Уый * аххос нæу, æз ын бафæдзæхстон,— мæ бæсты дзуапп радта мæ хцстæр æфсымæр. — Сахат ссардта, — вагъта Гыцци,— æмæ уып уый хатыр фæуæд. Уæ фыд æвзæрæй йæ сæрмæни- куы ницы ^æрхаста, уæд сымах кæмæй фестут? Дæ фыдгулæй ма давæджы пом райхъуыса! Куыд хорз уыди, сахат кæй разынд! Чырын цыфæнды дæр фæ- уæд, хæцъилы гæппæлтæ йедтæмæ дзы ницы уыд! Æз ницы сдзырдтон. Рудзынг мæхæдæг асастон, чырыны давæг дæр мæхæдæг уыдтæн. Урсдоны уы- лæ’нтæ йæ искуы былгæронмæ раппардзысты...
хыл Иурайсом’ зыидгонд фыссæг Н.-имæ тезгъо кодтам парчы Терчы былгæрæтты.^ Нæ комкоммæ, сцæйзгъордта ащæргæ нæлгоймаг спорти- вои дарæсы. Нæма нæм æрбахæццæ, афтæ йæ. къух- тæ фæйнæрдæм айвæзта — ныртæккæ кæйдæр- йæ хъæбысы кæй ныттухдзæи’, уый ма цы базоньш хъуыд?. ’ # ,' ’ ,. ’ ■ — О, мæнæ ма кæй федтои! — тыхулæфтгæнгæ йæхи æрбаскъæрдта Н.-,ыл, фæлæ уый, уацары баха- уæгау, йæ къухтæ хæрдмæ (сдардта: — Æгæр мыл ма «цин кæн, кæпнод ,мæ зæрдæ суынгæг уыдзæн. ! Уæд згъорæг æвиппайды мæнырдæм ’ фездæхт, йæ хъæбысы мæ фелвæста. Стæй цыма цæмæйдæр фæ- тарст, уыйау мæ фæуагъта, фæстæмæ акъахдзæф кодта: — Хуызæй-хуызмæ -лæг амардæуыд,— йæ къухы армытъæпæнтаг кæрæдзиуыл ; æрцавта.— Мæ хæрæ- фырт.1 дæ фенхъæлдтон. Цæй, уæвгæ, цы уæлдай у, ирæттæ не стæм, кæрæдзи цæуылнæ уарзæм, цæуыл- нæ цинтæ кæнæм кæрæдзийыл? Цæй, æз згъорон! Тох скълерозы ныхмæ! 244
—• Уыныс?— Н. фæстæмæ фæкасти, йучысыл куы ауадыстæм, уæд.— Цы хъæбыс дæм дзы æрхауд- та! Ацы лæг ахæм у, æмæ цыфæнды къуыршдзæвæ- нæй дæр’ йæхи фæтылиф кæндзæн. Æз æй мæхимæ не ’рбауагътон, æмæ уыцыфæдыл’ дæумæ фæци: мæ хæрæфырт, дам, дæ фенхъæлдтон!.. Иæ цæст дæр не ’рныкъуылдта... Чи у, зæгъыс? Æнæджелбетт жур- палист, къуымых лæг... Фæлæ цæры æппæтæй хуыз- |дæр... Ферох æй кæнæм, йæ койы аккаг дæр иæу... *<Фæлтау дыи æз иу хабар ракæндзынæн... * * ,* , Газеты литературон’ кусæг Хæлхъой — уæд ма æрыпон уыди, уыцы аз каст фæци Горькийы номыл Литературрн институт—ныффыста фельетон «Ру- вас — кæркгæс». Сæ къухтæ дзы бафыстой хайады хицау Томаи æмæ бæрнои секретарь. Æрмæст ре- дактормæ куы бахæццæ, уæд æй уый раздæхта фæ- стæмæ, сæртонды сæрмæ дзы ставд сырх кърандасæй зулмæ бафыста: «Иæ бæззы!» \ ■- ’ — Дæ фельетоны герой йæ хæрæфырт разыи- ди,— загъта Томай.— Дæ лагъзы уал æй сæвæр, ма- цыма дзур. Мæнæ летучкæ куы уа, уæд æй комком- мæ бафæрсдзыстæм, фельетон цæуылнæ, стæй кæмæн нæ бæззы/ Адæмы цур. Уый хуыздæр у. Исты дæ куы хъыгдара уыйфæстæ, уæд ын бауайдзæфгæнæн уыдзæн, дæ маст мæ йсыс, зæгъгæ. Æмæ йын уæд зæгъдзынæ, нæ герой йæ хæстæг кæй у. Æрхмæст ныхас ракъах,- стæй мах дæр уым уыдзыстæм. Иннаэ хайады’ кусæг Хуымар уæдмæ дуарæй йæ сæр æрбадардта. Иæ лæджы кары бацæуæг бæрзонд æмæ бæзæрхыг урссæр нæлгоимаг. Гуырымыхъстæг уæрæх цæсгомы царм уыди фæныжхуыз, саузым рæс- тæджы зæхх куыд вæййы,' афтæ, йæ галиу уадулыл 245
хъусы уæллаг кæронæй роцъойы къуырфмæ зьгндгё арф носы нарæг уадздзаг. Ацы нос Хуымарæн фадат лæвæрдта фенæгæмæ бавзарæг лæгау хæсты хабæрт- тæ дзурынæн. Фæлæ ахæм койтæ дæр цыди, цыма... Уæвгæ, чдам-думтæ кæд алыхатт æнæбындур нæ вæй- йынц, уæддæр алыхатт æцæг иæ разынынц... — Цæвгæ! — загъта Хуымар æмæ къæсæрæй æр^ бахызт. Цыма цæмæдæр смудьт, уыйау тагъд-тагъ- дæй йæ фыпдзыхуынчъытæн цалдæр хатты сцъырд- та уæлдæф, стæй «æхчи!»", зæгъгæ æрæхснырста.—4 Мæ фындз дæр æй зæгъыч—«цæвгæ у! Ай цы хабар у, газетæн кусæм æви редакторæн? Томай дын раст зæгъы, Гаги, ды райдай, мах æй фæуыдзыстæм. Æмæ ацыди. — Зæгъ-ма, æмбал редактор,— летучкæйы бон бафарста Хæлхъой,— мæ фельетон цæуылнæ æмæ кæмæи нæ бæззы? Уат ,афтæ ныссабыр, æмæ дзы цыма адæмыбæ- сты цавддуртæ бадтысты. Хæлхъой хорз хъуыста йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп, æмæ^йæм афтæ касти, цыма йæ -иннæтæ дæр хъусынц. Ноджы кæйдæр æвзагæй кæй райдыдта дзурын, уымæй йæхимæ æгадау æр- касти. Фæлæ йып уыцы уавæр бирæ нæ ахаста. Арф ныуулæфыд, æмæ йын фенцондæр. — Уый та дыи цы мыггаг фарст у? — йæ цæсты- тæ мæсты дзагъул фæкодта редактор.— Æви нын прокурор бастуыхтæ? Нæ бæззы дæ фельетон. Ха- хуыр кæныс стыр хæдзарадон кусæгыл. — Æз сбæрæг кодтон факттæ æмæ сыл дзуапп дæттын. > 1 — Газеты мыхуыргонд цы æрмæг цæуы, ууыл æз дæттын дзуапп, Хæлхъой. Сбад æмæ хъусгæ кæн ре- цензенттæм, кæд дæхимæ ницы фиппаинаг ис номьь ры мьцуыргопд æрмæджы тьгххæй, уæд. 246
Хæлхъоймæ афтæ фæкасти, цыма йæм редактор йæ мидбылты бахудти. Æвæццæгæн æй æппындæр нæ фæндыди хыл кæнын æрыгон кусæгимæ. — Æз Томайæн куы загътон, - æрбацæуæд мæм ввтор æмæ аныхас кæнæм. Нæ йын загътай, Томай? «Æгъи!— бацин кодта йæхимидæг Хæлхъой.—Тæр- ргæ кæны æхсæны ныхасæй!» Фæлæ йын Томай цæуыл- цæ исты загъта, уый тыххæй нæ ахъуыды кодта. — Иу хатт дæр ма дын æй зæгъын,— йæ ныхас дарддæр кодта редактор,— фельетон кæуыл ныффыс- тай, уый у стыр хæдзарады разамонæг, колхоз раз- мæ уый ракодта... Ай-гьай, ис æм хъæндзинæдтæ рæр, фæлæ йын сæ цыхуызы зæгъæм, ууыл ахъуыды кæндзыстæм. Кæд дæ фæнды, уæд—дыууæйæ, æз æмæ.ды. Сбад^ Фæлæ Хæлхъой æрбадыны фæнд нæ .кодта. Уыди тохмондаг. Рæстдзинад цы фæндагыл агуырдта, уы- мæй фæстæмæ раздæхыны фæнд — нæ! — Советон преосæ — тæккæ рæстдзæвиндæр æмæ растдæр, хъуамæ’ æгъатырæй тох кæпа социалистоп исбон хæлæттаггæнджытæ, карьеристтæ, иæ демокра- ти хурхгæнджытæ æмæ ипнæ хъуагдзииæдты ных- мæ. Уы’мæй стырдæр пысаи иæй пæ газетæи. Уыцы адæймаг æгæр схъал и, пæхп дары æлдарау. Фæлæ дæу нæ фæпды, цæмæй йæ гамхуд пст æрдæуа! Кабинеты даргъ стъолы фæппæфарс бадтысты Хуымар æмæ Тбмап. — Ды фæлтæрдджып кусæг дæ,— бацамыдта пæ амонæи æнгуылдзæй -Томаймæ рсдактор.— Хайады хицау дæ. Дзæбæх æрбалвас, ацычлæппуйы рохтæ. Кусын йæ бон’у, æмæ йæ кусып кæи. Цыдæриддæр ын зæгъай — хъуамæ йæ æпæуæлдай хъыпп-сыппæй æххæст кæна! — Дæхи былæй аппар, зæгъгæ, уæддæр? — тых- 247
худт бакодта Хæлхъой æмæ фæкасти Томаймæ. Уьп! йæ риуылуыдырæй æнцади стъолы • тигъыл, цыма щ йæхицæй иуварс аххуырсынмæ хъавы.- I — Хынджылæг ма ’ скъæр! — фæхъæр кодта ре( дактор Хæлхъойыл.— Куы бахъæуа, уæд хъуамæ бы} лæй дæр агæип кæнай. Цыбырдзырдæй, Томай, ды йæ бæсты дзуапп, дæтдзынæ. Дæ коммæ куы нæ кæ( са, уæд та мæнæн ’ зæгъ. Йæ хъизæмæрттæД на суæгъд кæндзыстæм.. < ’ I Хæлхъой мæст’æй цæхæртæ калдт’а.- I — Ды афтæ зæгъыс, Томайы коммæ нæ’кæсыи. Факттæ дæм нс? , •'< , •'" ’ ’ г’ — Ныртæккæ факттæ æвзарыныл не стæм. Мах дæ арвыстам фарс бацæттæ кæныны тыххæй тæккæ/ хуыздæр колхозм.æ, ды та цæимæ ссыдтæ? / — Хорз æрмæг агурæг ацыдтæн, аргæ та скод-1 тон, советон æцæгдзинады пыббарииаг чи иæ у, ахæм’ хабæрттæ. Уæдæ йæхи чысыл паддзах чи ’нхъæлы, уый тыххæй цы хъуамæ ныффыстаин? Рæстдзинад, æрмæст рæстдзинадæп кусын æз. Æмæ ме ’фсарм шщæй т’ыххæй ауæй кæндзыиæн. Рсдакторы уроцъар цæсгомыл та фæзыпдп мпд- былхудт. , ~ * — Хъайтар! — фпдисгæнæгау загъта.— Рæстдзи- нады сæрыл тохгæнæг хъайтар иууои нымæцы. Ин- нæтæ сты знæгтæ, фыдгæнджытæ! Давджытæ, хал- джытæ! Мæ лымæи, фыццаджыдæр зоныи хъæуы, ч рæстдзинад цы у, уый. Чысыл .рæстдзпнады тыххæй мах стыр рæстдзинады фæндагыл цæлхдуртæ.æвæри- наг пе стæм. Хохаг лæппу дæ, федтанс, Æрæфмæцы чысыл дæттæ кæлы, уыдонсе ’ппæт.сыгъдæг не сты. Æмæ уый тыххæй номдзыд Æрæфы чъизи схонæн лс? — ^Уыдон пыхæстæ сты!—редактормæ комкоммæ 248
кæсгæйæ загъта Хæлхъой.— Мæ фельетон мын цæй тыххæй нæ уадзыс, уый дæр зонæм! — Цæй тыххæй? — Мæ герой дæ хæрæфырт у! Редакторы ’ галиу щæст чысыл æрцъынд. — Чи дыи загъта? Чи дæ сахуыр кодта сайын? — Дæ хæрæфырт кæй у, уый .алчидæр зоны. — Уæдæафтæ,—загъта редактор,— иу-къорд лæ- гæй къамис саразæм æмæ сбæрæг <кæнæм, «олхозы сæрдар мæ хæстæг у æвн нæ. Уыцы хахуыр дын нæ ныббардзынæн. , Хæл’хъо’й летучкæйы фæстæ йæ фыссæн стъолы уæлхъус куы ’рбадти, уæд Æанкъардта, <йæ цæсгом пиллонау куыд судзы: Уæнгмард пъæззыйау бадти йæ уæнгтыл. — Молодец! — ’беломор бапъирозы хæтæл йæ дзы- хы атъысгæйæ загъта Томай,— Хорз сæм дзы радтай. Æз д’æр сыстынмæ хъавыдтæн, фæлæ уал мæхиуыл фæхæцыдтæ’н.' * , — ЦæвгæГ—загъта Хуымар æмæ /цæмæдæр сы- смыста.—Уæдæ ма дæм бауæндæд! Мах дын ахæм æрмæг ратдзыстæм æмæ йæ пъирийыл ’хæцдзæни. — Хъус-ма, — Хæл,хъой фæкасти Томаймæ,— йæ хæрæфырт у, уый цæмæй зоиыс? — Æз? — бадис кодта Томай.— Æз * ын цы зо- нын? Кæд дын Хуымар исты загъта?.. — Гъей! — фæхъæр кодта Хуымар.— Мæн æнцад уадзут,' уæ хъæрмхуыпп уæхæдæг хуыллыпп кæнут! Æмæ феддæбыл. Ф * * V — Хæлхъой цы ^фæци зæгъыс? —’бахудтл фыс- сæг Н.—Мæнæ дæ фарсмæ цæуы. Æрдæбоп дып ад- джцп хъæбыс чи ныгакодта, уын та дып — Томай...,
ДЕНДЖЫЗ Цалдæр азы фæстæ æз бам- бæрстон — мæ мадыфсымæр мын йæхи царды тау- рæгъ фæкодта. Фæлæ .мæн нæ фæндыд ууыл баууæн- дын. Чи зоны, уымæн, æмæ мæ зæрдæ нæ куымдта адæймаджы сæнтты æнæбондзинад фенын, кæйдæр æна’хуыр хъысмæт мæ сабийы сусæг дуиейы арвæй зæхмæ æрисын. Денджыз уыди кавказаг мæйрухс æхсæвау сабыр, æфсæет фæраикау гæзæмæ улæфыд æмæ йæ урсбарц уылæнтæ зивæггæнгæ æр^выста былгæрæттæм. Æз фьщцаг хатт федтои депджыз,' фæлæ мæм афтæ кас- ти, цыма йæ рагæй зоиын, уымæп æмæ таурæгътæ æмæ чингуытæй мæ зæрдæйы æнæпцой мысипæгты хъуырдухæпау чп баззад, уыцы монц æмæ тыхы фæз ~йæ æнцойдзинады ’цардæгасæй сыстад мæ цæстыты раз. Æмæ мæ-зæрдыл æрлæууæд, абоны онг дæр мæм тас чп ’взæрын кæны, уьщы дард æхеæв æмæ, денджызы уылæнтæ пырхгондæй еажъадахмæ кæй аппарынщ, ахæм чысыл науы хуызæп къæс пæ хъæд- гæрон, Уым раджы кæддæр иунæгæй царди мæ ма- 250 ’ > ’
;дыфсымæр — зæронд хъæдгæе Агуыбе. ХъæуМæ Ш цыди, адæмимæ арæх не ’мбæлд, сæумæцъæхæй суанг изæрдалынгтæм йæ сывылдз лæдзæгыл æнцайгæ уæз- бын къахдзæфтæй зылди хъæды. Хъæддзаутæй-иу ис- кæй бæлас .калгæ куы ссардта, уæд-иу загъд-замана систа, æлгъыста, æртхъирæн кодта аххосджыны тæр- хондонмæ раттьшæй. Фæлæ пикуы шжæй æрлæууын кодта закъоны цур. Æпæодæгæн, æгæр хæларзæрдæ у. Адæм * зæроид хъæдгæсы тьгххæй нодтой алыхуы- зон таурæгътæ,- фæлæ уыдон аргъæуттау мæнг «æй уыдысты, уый алчидæр зыдта, уæддæр сæ стыр ди- сау "кæрæдзнйæи дзырдтой. Æвæвдæгæн, афтæ арф уыди зæронд хъæдгæсы ивгъуыд царды сусæгдзинад, æмæ хъæуккæгтæм гуырын кодта (цымыдис. Уый куыдфæнды уæд, фæлæ алы изæр дæр мæ мадыф^сымæрæгг хъæдмæ æз хастон хæринаг. Мæ-| ныл уæд цыдаид æртындæс-цыппæрдæс азы. Йе ’фсы-' мæрæн никуы ницы -бавгъау кодта мæ мад, æвæццæ- гæн ын тæригъæд кодта, хъæды йæ къаннæг хъæд- къулы иунæгæй -кæй цæры, уый тыххæй. Агуыбе-иу мын мæ бацыдмæ сцæттæ кодта алы- хуызоп лæвæрттæ: допхæрисæй конд уадындз, лæ- дзæг жæнæ фат æмæ æрдын. Æз тынг цин кодтон мæ хъазæнтыл, фæедыд^иу мæ зæронд лæджы цур аба- дын, йемæ аиыхæстæ «æнын, фæлæ-иу мæ уый уай- тагъд нæхимæ арвыста. V — Цу, мæ хур, цу,— дзырдта-ну рæвдаугæ хъæ^1 •» лæсæй,— фæталыигтæ, фæндаг та даргъ у... Фæлæ хмæ иуæхсæв нæхимæ нæ рауагъта. Цæмæн, уьгй бамбæрстон фæстæдæр. Æвæодæгæн, уый зыдта, йæ царды ’кæрон кæй æрхæстæг, æмæ йæ фæндыд тЧæ судзаггаг мысинæгтæ, бирæ азты дæргъы зæрдæ- иы æнæхæлд æлхыиц€æй чи баззади, уьщы хъыг нс- 251
кæмæн радзурыи. Уый фæндыд йæ фæстаг фæдзæхст, уæлæуыл ныууадзын... Мæйдар æхсæв саугуырм цæетытæй касти хъæ- дьшкъул уынгæг хæдзары чысыл рудзынгæй. Цъы- лыпгайы ала рухсмæ дыв-дывгæнгæ ратæх-батæх кодта цавæрдæр бындз. * * + х • — Лæппу, куы нæрап, уæд бирæ диссæгтæ фен- дзыиæ а дупейыл. Фæлæ сс ’лпæтæй диссагдæр — дæ зæрдыл æй бадар, мæ гьщцыл’ хæрæфырт,—се ’пиæ- тæй диссагдæр уыдзæн денджыз. Макуы баууæнд денджызы æнцойдзннадыл/ макуы баууæнд, кæрон æмæ йын райдаиæн <кæй пс, ууыл дæр/Ды фендзы- нæ æгæрон фурды фæйлаугæ фæз — уый хуымæтæ- джы дон нæу. Уый у цин æмæ масты æнусон хъазт. Ды фендзынæ, дард кæмдæр, денджызыл, арвгæрон куыд æнцайы, уый. Макуы сфæпд кæн уырдæм ацæ- уыи — шжуы йæм фæхæццæ уыдзынæ. Уым ис, уым, уыцы фæлмæхгæд арвгæроны фа^стæ, денджызы су- сæг— æвиллоп, сæрымагъзокъуыпæг. Никуыма йæ пичи басгæрста æмæ раиртæста. ^Æз~дшГ])а1Ш^^ ’фурдыл" дард ".бæстæм чи абалц кодта, ахæм лæппуйы таурæгъ. Уый ’уыди ’бонджын лæджы фырт, ахуыр кодта Бетъырбухы университеты. Цалдæр азы фæстæ сæрды каникулты рæстæг Астан (афтæ * хуыдтой лæппуйы) ссыд ’йæ . райгуырæн^ха^хбæстæм/] Дуыд хорз ыл фидыдта евро- чГк’АЪ^ дарæЭГХаЗ^^фр’ак æнгом æрбалвæста фидар уæнгты, йæ хъуыры бып урс хæдоны æфцæгготы æх- сæн <гæлæбуйы тæнæг базыртау тæмæн калдта сау галстук. Йæ конд æмæ йæ уынды уыдис, хохæгты дисы^ чи ’фтыдта, ахæм уæздан хуымæтæгдзинад. Уæ- рæх цæстытæ хæлар, фæлæ н^&ысыл сæрыстыргома- 252
уæй кастысты комкоммæ, дымдта тамако, æмсæр&у ныхас кодта хистæртæ æмæ сылгоймæгтимæ. Хъæу- бæсты æндæр кой нал уыди — адæм кæрæдзийы дзы- хæй истой Астаны .ном. Уынгты-иу ,куы фæцæйцыд, уæд æм сусæгæй жаетысты чындздзон чызджытæ æна- хуыр <цард æмæ уарзтмæ ’бæлгæ. Фæлæ æндæр мæт, æндæр катай хордта æрыгон студенты зæрдæ. Уый басыгъта кæйдæр азар, æрдын- æлвæст фатау зæрдæмæ чп кæсы, ахæм цæстæнгас зылди йæ фæдыл. Астан бауарзта Цæройты мæй- дзæсгом Агуыыдæйы. ■^Иуизæр доны сæрмæ дондзау Агуындæйы цур февзæрд. , Чызг йæ гогон фелвæста, æнæзонгæ адæймаджы нувæреты ахизынмæ хъавыди, фæлæ æгæр нарæг уыди хæххон къахвæндаг, æмæ йæ æр- ’лæууын бахъуыд. Æнахуыр тас анхъæвзыд æвзонг зæрдæйы,, гæдыбæласау барызтысты йæ чызгон уæнг- тæ. Тæссаг зæйы гыбар-гыбурау зæрдæйыл сæмбæлд æбуалгъ хъуыды: «Худинаг!» Фæлæ райхъуыст, .йæ кой дæр Агуындæйы рпуы цымыдисæмхæццæ тас кæ- мæн æвзæрын кодта, уыцы адæймаджы фæлмæн хъæ- лæс. Хæдзармæ куы æрыздæхт, æнæнхъæлæджы ца- уы цин æмæ зынæй рынчынæй йæхи^йæ мæгуыр хæ- дзары къуымы хъæдын сынтæгыл куы .æруагъта, æрмæст уæд бамбæрста, цы "йыл æрцыди, уый. Йæ хъустыл уадн нæлгоймаджы сабыр хъæлæс: «Дæуæн 1'ыббаста дæ уæнгтæ нæ царды фæтк. Ды дæ æфсæн къалатийы ахст цъиу. Ахст маргъ мысы арвы цъæх, .ды ницы мысыс, уымæн æмæ ницы федтай. Афтæ Иры æппæт чызджытæ дæр...» , Кæд сæнттæ цагъта Астан? Ахæм ныхæстæ нп- куы фехъуыста Агуындæ. Фæлæ Астаны стыр ахуыр- гонд хонынц. Чи зоиы, ахуыргæндтæн æндæр у се ’взаг. Чызг не ’мбæрста ацы ныхæсты æцæг мидис, 253
фæлæ зæрдæйæ хатыдта: æндæр рæстдзинад ис а дупейыл, æидæр фæрæз хъуамæ уа цардæн. Ныддæл- гоммæ йæ хуыссæны Агуындæ. Иæ хъарм цæстысыг- тæ уайынц четæнцъар базыл. О, уыцы æнахуыр хъæ- лæс, бафсæдæн -кæмæн нæй, ахæм зарæгау уарзон æмæ адджын... «Разæй ницы ис, фæсте дæр. Цард куыд уыди, афтæмæй-баззайдзæн. Дидинджытыл хур ракæсы, æрцæуы сыл къæвдатæ, фæззæджы улæфт сыл æрæвæры адзалхæссæг халас. Цыдæриддæр сыл æрцæуа — сæхицæй аразгæ нйцЫ у, уыдон разы сты алцæуыл дæр æмæ уыцы дзырдæй фæстæмæ фæзы- нынц цардмæ. Сымах’ уавæр дæр ахæм у. Æнæбон, хъысмæты хъазæнхъул, уæхрг фæнд, уæхи барæй уын цардаразæн нæй. Нæ мæгуыр ирон сылгоймæгтæ!..» ---* АгуындæйьГ "цæстытыл уайыиц æнахуыр нывтæ: мæрддзыгойы устытæ сау кæлмæрзæнты. Мæнæ æн- дæрг: »царм æмæ стджытæй конд. Арфхауд цæстытæ цыма саугуырм баисты — нищыуал уынынц. Уый зæ- ронд Дзерассæ сабатизæр йæ иунæг фырты ингæнмæ цæуы... /Уыцы хъæлæс... ^1«Æз ахæсдзынæи дæу ацы зæххæй: Атондзынæн ’дын дæ (бæттæнтæ, ды фендзынæ цард, æцæг цард ^цы^у, уый.’Æнхъæлмæ мæм кæс — зындзынæи дæм!..» Бонивайæнты Агуындæ бафынæй. Дык’каг (бон Астан ацыд Уæрæсемæ æмæ дыууæ азы нал фæзынд. Хæхтæм, æрбайхъуыстысты æна- хуыр хабæрттæ: Уырысы мæгуыртæ паддзах Мнкъа- лайы йæ бадæнæй аппæрстой.'Дунебазмæлыд, адæм сызнæт сты, кæрæдзи нал æмбæрстой. Хъæздгуытæ æмæ мæгуырты æнусон ’изгард рахызт æргом фыдæх- мæ. Хъæуы фæзынд большевикты къорд. Цыдæр егъауцаумæ æнхъæлмæ кастысты адæм, знæт, ха- бæрттæ зылдысты хæхты сæрмæ. Иуæхсæв хъæугæ- 254
рон дъæх пиллонæй ссыгъд Астаны бонджын фыды хæдзар. Æ/мризæджы ныррызт, хъæубæстæ йæ койæ дæр тæрсгæ кæмæн <кодтой, уыцы" зæронд лæг, йæ бындур судзгæ куы федта, уæд. Фæлæ уыцы сæфты арты цыренæй æгъатырдæр уыди, фæстæдæр йæ зæр- дæйыл цы цæф сæмбæлди, уый: æвиппайды ,йæ рæз- ты æрба;цæйцыд барæг, æмæ зæронд базыдта <йæ сау- лохаг æмæ йе ’ххуырст æрыгон фиййауы. — Судзы? — уæлбæхæй уæздан лæгау сæрбæрзон- дæй’бафарста лæппу. Фыцгæ донау’зæронд лæджы хурхуадындзтæ ах- гæдта маст. ; — Куыдзы хъæвдын! — фæбогъ кодта.— Куыд ба- уæндыдтæ мæ бæхыл сбадын?! Зæронд л.æг февнæлдта йæ карды сæрмæ, фæлæ æвиппайды йæ’ къух æнæбоиæй æрхауд: лæппу йæ бы- натæй змæлгæ дæр нæ фæкодта, йæ цæсгомыл арты пиллонæй сæуæхсидау фæливгæ чи хъазыд, уыцы рухсæй афтæ уыд æви йæ цæстытæ цинæй æрттывтой, уый ■ дзæбæх рахатæн нæ уыди, фæлæ бæхы хицау федта: фыццаг хатт ын^ бауæндыд йæ цæстытæм ком- коммæ кæсын йе ’ххуырст. Уый уыди хуыцауы тæр- хонæй тæссагдæр. Зæронд лæг бамбæрста: хъаймæт æрцæуы æмæ а дунейыл ахæм тых нæй, уый чи ба-' урома. Сæргуыбырæй араст йе ’фсымæры хæдзар- мæ. Фæлæ йæ зæрдæйыл æхсгæ дуртау æмбæлдысты лæппуйы ныхæстæ: — Революци дын, фырнадæй кæй амардтай, уы- цы фидиуæг Аккойау нæ фæуыдзæн! Æппынфæстаг нæ рад дæр æрцыди, нæ рад. Зæронд лæг тигъæй куы фæаууон, уæд ма йæ хъус- тыл æруад лæппуйы зарын; 255
Мæ хуры хай, Рæсугъд чызгай, Куы нæ дæ федтаии, бæргæ... Раст уьщы æхсæв фæзьшд Астан дæр. Йæ фыд æй баййæфта йæ кæстæр æфеымæры ’хæдзары., Фыццаг хатт бацин кодта йæ фыртыл æргомæй. Чи зоны, зæрдæйæ хатыдта, йæ уарзон хъæбулимæ тагъд кæй фæхицæн уыдзæн æнусмæ æмæ йæ фæндыд, хæххон æгъдæутты азарæй йæ бæзджый халасдзагъд æрф- гуыты æхсæн арф æнцъылдты æмбæхстæй кæй дард-' та, ныййарæджы уьицы рæвдыд фæстаг хæрзиуæгау йæ фыртæн раттын/ Йæ тыхджын цæнгтæй йæхимæ æлхъывта йæ хъæбулы.' Æрæджиау, къæлæтдл<ын бандоныл йæхи æруадзгæйæ, загъта: — Федтай, лæппу? Судзы дæ хæдзар... х — Тыхсгæ ма <кæн, баба, Бетъырбухы мæ хæдза- рæй ноджы сгырдæр хæдзæрттæ судзынц." Фырт ацы ныхæстæ афтæ æдыхстхуызæй. загъта, æмæ зæронд лæг фестъæлфыд: йæ хъæбулы уындмæ йæхпдæн тæригъæдгæнгæ йæ зæрдæйы ды .æрхуым æнкъарæн фæзынди, уый тад сойау акъæтæр æмæ фестад ныййарæджы карз уайдзæф. Дисгæнгæ скасти Астаны æнæдаст цæсгоммæ. Æрмæст ныр бафиппайд- та: лæппу дзæвгар фæфыдхуыздæр, йæ с’ау фрак уы- дп æнщъылдтæ æмæ чъизи. Сæ арф къуырфытæй уæ- рæх цæстытæ æнкъардæй -кастысты кæдæмдæр зæ- ронд лæджы сæрты. — Лæппу, дæ зонд нæ фæцыди? — Нырма нæма, баба. — Дæ хæдзар дын басыгътой, зæгъын! —, Зоныпæп, баба. — ’Дæ фыды урс рихитæй дыи фæхынджылæг кодтой де ’ххуырстытæ. — Дуг шптæрдæм разылд. Нырмæ иуты дуг уы- 256
ди, пыр —шшæты. Дæумæ уыдн зæхх æмæ фос, дæ- хицæн цагъар скодтай дæхн хуызæн адæмты, æф- хæрдтан сæ, цæмæй сæ фæллопæ бухъцард кодтаис, уын тыххæй. Уып раст иæ уыдн, фæлæ дæ азымы ин- куы нпчи бадардта: дæ заман уыдп, æмæ дæ бон цы уыд, уый кодтай. Ныр та уыцы бар тыхæй байстой мæгуыртæ, æмæ уыдон дæр зылын ничи бакæндзæн. чи фæуæлахиз уа, уый нæхиуæттæ ,кæны. Ахæм у цардрл фæтк. Туджы разылдысты фыды цæстытæ, Астаны тæк- кæ фындзы бынмæ схаста, дæрзæг æнгуылдзты фыр- æлхъывдæй зыр-зыр чп »кодта, уыцы уæззау тымбыл- къух. — Ды, æвæццæгæи, ферох кодтай, ацы тымбыл- къух цы ад кæны, уый. Кæд дæ Уæрæсейы æпдæр иицæуыл сахуыр кодтой, уæд мын мæ быптæ дзæ- гъæлы бахордтай, хуыйы хъыбыл! Йæ бынатæй иæ фезмæлыд Астан. Фыццагау кас- ти йæ фыды хæдсæрты кæдæмдæр. — Баба, æз дæ тымбылкъухы ад æрымысыны тыххæй не ссыдтæн. Мæп æхца хъæуы... Кæд амал ис, уæд ахсæв... Пæ ныхас кæронмæ нæ фæци, йæ цæстытæ цæ- хæр акалдтой тыхджын къухы цæфæй. ,— У-у, бонвыддæр! — фæхъæр кодта фыд.— Йæ хæдзар ын басыгътой, йæ фыдæй йын фæхынджылæг кодта Гарданты фиййау, ай та æхцатæ агуры, цæ- мæй хъахбай барышнятимæ лекка’ кæна! Астан йæ къухмæрзæнæй ныссæрфта йæ былты туг æмæ дуарырдæм араст. Къæсæргæронæй йæ фыдмæ фæстæмæ ракаст: — Хорз, - баба,— уьицы æдыхстхуызæй та загъ- та,— хорз, æз дын дæ маст райсдзынæн. Фæлæ дæ рох ма уæд — уымæй уæлдай ивддзинад нал æрцæу- 17 Гуйман ’ , 257
дзæн. Дæ зæрдыл бадар: дуне ивы, æмæ дын йæ фы- дæхæй фервæзæн нæй. Хæрэбо’н! Астан уынгмæ рахызт. Хæдзарæй райхъуыст, са- быргай чи сæтты, ахæм бæласы къæр-къæрау æна- хуыр уынæр. Уый йæ фыд куыдта. Дьгккаг бон комы айхъуыст тæссаг хабæрттæ: суадоны был мардæй ссардтой Гарданты лæппуйы, фесæфт-мæйдзæсгом Агуындæ. # # * — Хъусыс, лæппу: уад уынæргъы. Цæгатæй ды- мы, æвæццæгæн, тыхджын уарын рацæудзæн. Хъæд æмбу кæны раст уадфæилыд денджызау... "Астан "~æмæ" "АгуындæГ ’тыхамæлттæй бахаудтой, Уæрæсейæ Амырыкмæ чи цыд, ахæм наумæ. Адæм æмызмæлд кодтой палубæты, чи уæззау чумæданти- мæ, чи æд сывæллон, чи рог арæзтæй; хъæр кодтой, кæрæдзийæн къухтæй амыдтой цыдæртæ. Фæлæ Алуындæ бæрæг-;бæлвырд ницы уыдта, нвды хъуыста. Æхсæвыгæтты, æрæгмæ куы нæ фæфынæй кæны, уæд ?1æ цъынд цæстыты хъуырдухæнгæнгæ зилдух чи си- сы, йæ бон асурын кæй нæ вæййы, уыцы æнахуыр аууæттау йæ рæзты дыууæрдæм кодтой æндæргтæ, йæ зæрдæйыл мигъау бадти æмтъеры гуыв-гуыв. Фæлæ æваст, цыма йæ фынæйæ фехъал, уыйау фе- стъæлфыд: нау ныууасыд æмæ йæ бынатæй узæгау фенкъуысыд. Мæлæтдзаг æрхуым ныттыхст чызджы удыл. Бамбæрста: райгуырæн бæстæмæ раздæхæн нал ис. Нал фендзæн цъитисæр хæхтæ, нал фендзæн йæ зæронд ныййарджыты, йæ уарзон æмгæртты, нал фехъусдзæн сæудары фæлмæй фиййауы зарын. Нау дарддæрæй-дарддæр кодта былгæронæй, сыфцæй ла- сæгау ^кодта, рисгæ ивæзта, адæймаджы фыдæлты зæххыЛ чи бæтты, уыцы æнæуынгæ уддадзинтæ. Нæ 258
баурæдта лæмæгъ зæрдæ æппæт хъыгты егъаудæр хъыг, йæ алы тугдадзины дæр дæндагни’зау чи ниуд- та, уыцы æрхуым райгуырæи бæстæйыл. Æрхаудта уадзыгæй Астаны хъæбысмæ. — Дохтыр! — ныхъхъæр кодта Астаи.— Дохтыр тагъддæр!.. Æвæццæгæн, цыдæр æмхуызондзинад ис хъæд æАмæ денджызмæ. Хъусыс, денджыз æбуалгъ уынæ- рау .куыд гуыв-гуыв кæны... О хуыцау, фыдуарынæй нæ бахиз!.. Агуындæйы бахастой каютæмæ, сынтæгыл æй æрæвæрдтой. Сабыргай цыди йæ цæсгомы мæрдон фæлурс. Сахаты фæстæ йæ уадултæ сырххъулæттæ фестадысты. Ныхыл фæзындысты хиды лыстæг фæрд- гуытæ. Цыма йæ’хурх чындæуы—(улæфт ын нал фаг кодта. Дохтыр обарста рынчыны тæвд, басгæрста йын йæ тугдадзины цæф. Иу уысм æнкъардæй касти^ судзгæ сæнттæй фæйнæрдæм чи тоны, уыцы фæллад æмæ рæсугъд ныхмæ, стæй рацыд йæ разæй. — Дохтыр!—йæ къух ын ацахста Астаи.— Цæй„ куыд? ’ — Тиф. — Тиф?! Кæцæй? Дохтыр, ды йæ фервæзын кæн- дзынæ, нæ? ’ — Байрæджы. 1 , — Мистер дохтыр, æз дын бафиддзынæн, бафид- дзынæн дын бирæ æхца! Цас зæгъай, уыйас! Но- джы фылдæр! Æрмæст æй фервæзын кæн! Мæ цард дын ратдзынæн лæггады барæй.л Фервæзын æй кæн, фервæзын æй кæп! — О, уый мæ бои куы уаид, бæргæ! — арф ныу- улæфыд дохтыр æмæ ацыд картæйæ. Æмбисæхсæв ’ сыстад уадтьщыгъ. Дуне фестад о’кеаны зæрдæскъуийæн æмбу. Æбуалгъ уылæнтæ 259
адзалы æнуд худтæй худгæ раппар-баппар кодтой науы, залиаг калмы æвза^ттау ын лæбурдтон ,йæ фæр- стæм, уæззау гуылфæнтæй калдысты йæсæрты.Æнæ- кæрон, æнæбын æвирхъау фæлм ннудта милуан мæ- лæтхæссæг хъæлæстæй, фæйлыдта егъау фæсмоп æмæ азары хъуырдухæнæй. Адæм æддæг-мидæг ауадысты, адзалы тас анхъæвзыд сæ зæрдæты. Цъæхахст код- той сылгоймæгтæ, куыдтой сывæллæттæ, хуыцаумæ куывтой зæрæдтæ. Фæлæ æваст райхъуыст, адзалы цъæхахст æмæ* ’океаны æрра худтæй тыхджындæр чи уыди, ахæм хъæлæс: — Боцмæп! Дыууæ минутмæ дæлдзæх фæкæ па- никæ! Оркестр дæгъдын райдайæд/ кафæнт матрос- тæ! Цыбырдзырдæй, нытту кæнут мæлæтæн йæ тæк- кæ цæсгомыл! — Хъусын, капитан! ,. Дыууæ минутмæ, уылæнтæ сæ уæлныхты хъазæ- нау кæй раппар-баппар кодтой, уыцы науы палубæ- йы фæзынд’ оркестр; дыууæ æрыгон чызджы испайнаг дарæсы дзыхæйцæгъдгæ фæндыртимæ, дыууæ къæс- хъуыр лæппуйы мекспкайнаг хъæзын худтæ æмæ уынгæлфадыг хæлæфты, сæ иумæ—гитарæ, иннæ- мæ —уадындз. Фæндзæмы уæлæ уыди м’атросы да- рæс, йæ бæрзæйыл фæтæн ронæй æрцауындзæг стыр барабан. Оркестр æрцагъта. Цыма океаны уылæн- тæй рагæппытæ кодтой, уыйау цалдæр матросы фæ- зындысты палубæйы æмæ райдыдтой æнахуыр кафт кæнын. Дунефестад хъæр æмæ гыбар-гыбур. Сыл- гоймаджы бæзджын хъæлæс зарыди: Нæй мæлæт нæ зæххыл, Уарзт куыд нали, афтæ. Денджызы æртæхыл ч Сау цæссыг куы бафта, 1 Уæд дæлдон мæ пъатæ 260
Джон мысдзæи æнкъардæй, Уæд хъысмæты къамтæ Фехсдзысты мах цардæй. Ма ууæндут мæлæтыл! Цард дæлдон дæр хорз у... Йе ’рфгуыты къæлæтыл Донычызг матросы Дард былмæ фæхæссы, Дард былмæ фæливгæ... Океан уыиæргъыд, æмæ адæймагмæ афтæ каст, цыма дунейыл æппындæр’никуы ницы уыдис æмæ нæ уыдзæн мæлæтдзаг тох æмæ æгъатыр хъуырдухæнæй уæйдай. Сылгоймаджы зарæгæй ноджьгкарздæр код- та уды æнтъыснæг. Зæрдæйы амардысты æппæт æн- къарæнтæ дæр, баззад ма дзы æрмæст æгуыппæг тас. Нау сыгъди зыпдоны пиллоп арты. Лрв денджызыл кæм æнцайы, уьщы арæн куы нал, уынай, уæд зон: фесæфт ныфс, фесæфт, бæлццæтты йæхимæ чи сайы, уыцы сусæгдзинад, æмæ æнхъæлмæ мацæмæуал кæс. Науы - капптан — уæзбын фидæрттæарæзт цыбыр лæг адджынæй цъырдта йæ лулæ æмæ æдзынæг кас- ти кафджытæм. Йæ æнæмæт, цæсгом, йæ хъæлдзæг цæстæнгас ноджы тынгдæр тæрсын кодтой адæмы, уымæн æмæ фæстаг мысииагау æнамонд бæлдцæтты æууæндын кодтой, зæххыл цард æмæ æнцойдзинад дæр кæй ис, ууыл. Уымæ гæсгæ зындæр сразы уæ- вæн уыди хъысмæты æнæхатыр тæрхоныл. Æваст фæса-быр оркестр, аскъуыд зарæг, матрос- тæ сæ кафын фæуагътой: зондцухы æндæргау капп- таны размæ йæ зонгуытыл æрхаудта Лстан: , — Амард, мистср капптан, амард... " Капитан сабыргай йæ къухтæ æрæвæрдта Лстаны уæхсчытыл, хæрдмæ йыл схæцыд.- 7 — Тыхсгæ ма кæн, мæ лымæн. Шекспир афтæ 261
загъта: а(цы аз чн амард, уып ппнæ аз фервæздзгеи мæлæтæй. Заргæ, Джени! Ныццагъта оржестр æмæ та сылгоймаг , уынгæг хъæлæсæй райдыдта зарын: Ма ’ууæндут мæлæтыл! Цард дæлдон дæр хорз у... Капитан йæ даргъ лулæйы лыстæг кæрон дæн- дæгты æхсæн æлхъивгæ^ загъта: — чБраво, браво! Дæуæн исантиаг цæсгом, æмæ дыл дæссыгтæ нæ фидауынц! Зонын, ды ’ фæтарстæ Уæрæсейы революцийæ æмæ лидзыс Амершшæ. Æл- гъаг тæппуд! Дæу амæлын хъуыд дæхи бæстæйы кæ- нæ - революцийьг сæраппонд, кæнæ йæ ныхмæ тох- гæнгæйæ. Афтæ фажæнынц æцæг джентльментæ. Ныр цом æмæ фенæм, йæ мард денджызаен кæмæн балæ- вар кодТай, уыцы хохаг сау рæсугъды. Фæстаг хатт ма æрчъицыдта Агуындæ. Мæрдон фæлмæй æхгæд цæсгомыл æвиппайды фæзынди цар- ды мыиæггонд уылæи. Цæстыты даргъ тъыфылтæ гæзæмæ фæхицæи сты кæрæдзийæ æмæ судзины бын- мæ кæсæгау тыхкаст кодтой Астанмæ. Зына-нæзына базмæлыдысты йæ уазал былтæ, фæлæ цы загъта, уый нæ рахатыдта йæ лæг. Фæстæдæр бам1бæрста: уый уыди Фыдыбæстæйы хъоды. Агуындæ амард. Йæ цæсгомыл нæ .зынди нæдæр раздæры хъизæмары фæд, нæдæр цины’нысан. Цыма денджызы уынæрмæ хъусы, уыйау ныссабыр... Фæци йæ таурæгъ зæронд хъæдгæс. Дымгæ хос- та рудзынг, цыд хъæды æнуд гуыв-гуыв, бæлæсты къæс-жъæс. Цъылынга ахуыссыд, нытталынг хæдзар. Афтæ1 мæм касти, цыма нæ хъæдынкъул хæдзар фе- 262
Стадн нау, æмæ йæ сæ уæлныхты хæссынц де джызы æрра уьтлæитæ... Æликъард сагъæстæ æмæ æмхæццæ хъуыдытимæ æмбисæхсæв бафынæй дæн. Фæлæ мæ фын бирæ пæ ахаста: фехъал дæи ,цæйдæр хъæрмæ. Арв ферттыв- та æмæ ауыдтон æнахуыр ныв: зæронд лæууыд йæ зонгуытыл, йæ къухтæ, кувæгау хæрдмæ ивæзта æм& лæгъстæгæнгæ дзырдта: — Мистер капитан! Мистер капитан! Ма бакæ... Иæ мард ын ма бауадз денджызмæ балпарын... Æз æй сæмбæлын кæндзынæн йæ сыджыты хайыл. Мис- тер капитан! Мистер капитап!!!
С Æ Р Г Æ Н Д Т Æ ГУНМАИ МЕ ЗПАГ ÆРТÆ ÆМБАЛЫ- СЫРХВАРС ФÆТКЪУЫТ/Е КЪАХВÆДТÆ- ДЫУУÆ РÆДЫДЫ САХАТ ХЫЛ ДЕПДЖЫЗ О ВАСО ГЕОРГИЕВИЧ МАЛИЕВ ГУЙМАН Повесть и рассказы Редактор С. 3. Хугаев Художппк X. Т. Сабанон’ Художественный редактор У. К. 1<апукоп Техпический редактор А. В. Ядыкппа Корректоры И. X. Джанаепа, Т. А. Кайтукопа ИВ № 325 Сдано в иабор 29/У1-1977 г. Подписано к печатн 4-Х-1977 г. Формат бумаги 70x108'/^;. Печ. л. 8,25. Усл.-п. л. 11,55. Учетно-изд. лис- тов 10,83. Тираж 2000 экз. Заказ № 8846. Изд. № 38. Цена 80 коп. Бум. тии. № 2. ЕИ 01909. Издательство „ИР" Управлення по делам издательств, полпграфии н кннжной торговли Сонета Миппстров СО АССР, г. Орджоникидзе, ул. Димитрова, 2. Книжпая типография Управления по делам изда- тельств, полнграфии и книжной торговли Совета Мшшстров СОЛССР г. Орджоникндзе, ул. Тельмапа, 16.