Text
                    ШАРЛЬ ПЕРРО
АШЪЖШШ
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ АССРы ПАДДЗАХАДОН РАУАГЪДАД
ДЗÆУДЖЫХЪÆУ * 1949


Чиныг кæсджытæм Рауагъдад уæ куры, цæмæй ацы чиныг уæ зæрдæмæ куыд фæцыд,уый нæм ныф- фыссат ахæм адресыл: Дзæуджыхьæу, Дзанайты Ив.уынг, М 20, Цæгат Иры- стоны АССР-ы Паддзахадон Рауагъдад. ШАРЛЬ ПЕРРО ВОЛШЕБНЫЕ СКАЗКИ На осетинском языке Перевод Булацева С. Государственлое Издатепьство Северо-Осетинской АССР Дзауджикау * 1949
СЫРХ ХУД. Иу хъæуы царди æмæ .^ыди чысыл чызг, дзæ- бæх, тынг дзæбæх чызг. Йæ мад æй тынг бирæ уарзта, йæ мады мад та йæ ноджы фылдæр уарзта. Хæларзæрдæ зæронд ус йæ чызджы чызгæн балæ- вар кодта сырх худ. Чызгыл уыцы худ афтæ хорз фидыдта, æмæ чызгæн йæхи дæр схуыдтой Сырх Худ. Иу хатт куы уыди, уæд йæ мад гуылтæ скодта æмæ загъта Сырх Худæн: — Мæ мад, æнæфæразгæ у, зæгъгæ, фехъуыс- тон. Цу æмæ йæ бабæрæг кæн. Мæнæ йын гуыл æмæ иу чысыл дурыны дзаг царв ахæсс. Сырх Худ уайтагъддæр йæхи арæвдз кодта æмæ фæраст. Бирæ йæ хъуыд цæуын: йæ мады мад царди хъæды æтте æндæр хъæуы. Сырх Худ хъæды цæуы, цæуы, уа-пынмæ кæсыæмæ йæм комкоммæ цъæх Бирæгъ æрбацæуы. Бирæгъы æрфæндыд чызджы бахæрын, фæлæ тарсти, хъæды хæстæг ран хъæддзаутæ куыстой æмæуыдонæй. Уæд Бирæгъ Сырх Худы афарста: з
— Кæдæм цæуыс? Чысыл чызг, мæгуыр, цæмæй зыдта бирæгътæ фыдуаг сты æмæ семæ ныхас кæнæн кæй нæй, уый, æмæ йын дзуапп радта: — Цæуын мæ мады мады абæрæг кæнынмæ, мæнæ йын гуыл æмæ чысыл дурыны дзаг царв хæссын. — Æмæ дард цæры дæ мады мад?—фæрсы йæ Бирæгъ. — Тынг дард,—загъта Сырх Худ. — Уæртæ, уыныс куырой, куыройы æтте хъæу, æмæ уыцы хъæуы кæройнаг хæдзары цæры мæ мады мад. — Цы, уый зоныс? — загъта Бирæгъ. — Мæн дæр фæнды дæ мады мады абæрæг кæнын. Æр- мæст ды уæртæ уыцы фæндагыл ацу, æз та ацы фæндагыл, кæддæра нæ раздæр чи бахæццæ уаид. Бирæгъ равзæрста хæстæгдæр фæндаг æмæ йæ тых йæ бонæй азгъордта. Сырх Худ сабыргай цыди. Цæугæ цæуын йæхи- цæн æнгузтæ уыгъта, гæлæбуты фæдыл разгъор- базгъор кодта, дидинджытæ тыдта. Бирæгъ уайтагъддæр зæронд усы хæдзары балæууыдис æмæ дуар бахоста: — Тук-тук! — Чи дæ уый?—фæрсы йæ зæронд ус. — Æз дæн, æз, дæ чызджы чызг Сырх Худ,— загъта Бирæгъ цъæхснаг хъæлæсæй. — Мæнæ дын гуыл æмæ иу чысыл дурыны дзаг царв æрба- хастон. Зæронд ус æцæг æнæфæразгæ уыди æмæ 4
хуысгæ кодта. Уымæ гæсгæ хуыссæнæй нæ сыс- тад, фæлæ йæм радзырдта: — Дуары бæттæныл дæлæмæ æрхæц æмæ æх- кæнæн фегом уыдзæн! Бирæгъ дуары бæттæныл рахæцыд æмæ дуар байгом. Бирæгъ зæронд усыл йæхи уыцы иу цæф нык- кодта æмæ йæ аныхъуырдта: æртæ боны дæргъы ницы бахордта бирæгъ æмæ тынг æххормаг уыд. Уый фæстæ Бирæгъ дуар сæхкæдта, йæхæдæг бавдæлд æмæ зæронд усы хуыссæны схуыссыди æмæ æнхъæлмæ кæсы Сырх Худы æрбацыдмæ. Чысыл фæстæдæр Сырх Худ æрбахæццæ æмæ дуар бахоста: — Тук-тук! — Чи дæ, уый! — райхъуыст Сырх Худмæ Бирæгъы бæзджын хъæлæс. Сырх Худ фыццаг фæтарсти, стæй ахъуыды кодта, æвæццæгæн, нана ныффæсус æмæ йæм ба- дзырдта: — Æз дæн, æз, дæ чызджы чызг Сырх Худ. Мæнæ дын гуыл æмæ чысыл дурыны дзаг царв æрбахастон. — Дуары бæттæныл æрхæц æмæ дуары æвду- зæн фегом уыдзæни,—радзырдта Бирæгъ, фæл- мæндæр хъæлæсæй дзурыныл фæлваргæйæ. Сырх Худ бæттæныл рахæцыд æмæ дуар байгом. Сырх Худ куыддæр уатмæ бацыд, афтæ Би- рæгъ хъæццулы бын амбæхст æмæ дзуры: 7
— Гуыл æмæ дурын чырыны сæр æрæвæр, дæхæдæг ардæм рацу æмæ мемæ æрхуысс, чысыл дæ фæллад суадз. Сырх Худ хуыссæны æрхуыссыди. — Нана, — дисгæнгæ йæ фæрсы, — ахæм стыр къухтæ дæ цæмæн хъæуы? — Тынгдæр дæ цæмæй ныхъæбыс кæнон, уый тыххæй, мæ хъæбул. — Нана, ахæм стыр къæхтæ та дæ цæмæн хъæуы? — Тагъддæр цæмæй згъорон, уый тыххæй, мæ чысыл хъæбул. — Нана, ахæм стыр хъустæ та дæ цæмæн хъæуы ? — Хуыздæр цæмæй хъусон, уый тыххæй, мæ хъæбул. — Нана, ахæм стыр цæстытæ та дæ цæмæн хъæуы? — Хуыздæр цæмæй уынон, уый тыххæй, мæ хъæбул. — Нана, ахæм егъау дæндæгтæ та дæ цæмæн хъæуы ? — Уыцы иу хæрд дæ цæмæй акæнон, уый тыххæй. Ахæм ныхæстæ кæнгæйæ, бирæгъ уыцы иу лæбурд фæкодта чызгмæ æмæ йæ аныхъуырдта. Уыцы рæстæджы хæдзары цурты хъæддзаутæ сæ куыстæй æрцæйцыдысты. Цæйдæр хъæр сæ хъустыл ауади, хæдзармæ бауадысты, зæронд усы хуыссæны ауыдтой Бирæгъы, уайтагъд 8
æй амардтой. Йæ гуыбын ын акъæртт кодтой, æмæ йын йæ гуыбынæй æнæхъæнæй систой зæронд ус æмæ Сырх Худы.
ÆНГУЫЛДЗЫ ЙАС ЛÆППУ. Кæддæр цардысты æмæ уыдысты хъæддзау æмæ йæ ус. Уыдис сын авд сывæллоны — иууыл- дæр лæппутæ. Сеппæты кæсдæрыл цыдис авд азы. Кæсдæр лæппу куы райгуырди, уæд хæрз чы- сыл уыди,—æнгуылдзæй чысыл стырдæр, хонгæ дæр æй уымæн кодтой: Æнгуылдзы йас лæппу. Æфсымæртæ йæ нæуарзтой æмæ йæ æфхæрдтой, хæдзары куыстæй цы уыдис, уыдон иууылдæр уы- мæн кæнын кодтой. Афтæмæй та Æнгуылдзы йас лæппу иннæтæй зондджындæр æмæ дзырдарæхст- дæруыди.Ныхаскъаддæркодта, хъусгæтафылдæр. Хъæддзау тынг мæгуыр цард кодта, æмæ йын уый бæрц бирæ бинонтæ хæссын зын уыдис. Иу аз хор не ’рзад, æмæ æххормаг аз скодта, æмæ сын цæрын бынтон фæзын. Иу хатт изæрæй хъæддзау йæ усимæ арты фарсмæ бадти, лæппутæ та хуысгæ скодтой. Фыр сагъæсæй йæ зæрдæ ныхас кæнын дæр нæ тард- та, фæлæ уæддæр загъта йæ усæн: 10
— Нæ сывæллæтты схæссын нæ бон нæ ба- уыдзæни, уый дæхæдæг уыныс, нæ цæстыты раз æххормагæй мæлой, уый та мæ фæндгæ нæ кæны. Цæй æмæ сæ хъæдмæ дард аласæм æмæ сæ уым ныууадзæм. Уыцы хъуыддаг зын бакæнæн нæу— цалынмæ уыдон суджы къæцæлтæ æмбырд кæной, уæдмæ мах сусæгæй рахъуыздзыстæм. — Уый та куыд,—сæрдиаг кодта хъæддзауы ус,—нæ сывæллæтты фесафын куыд сфæнд код- тай?—Йæхæдæг ставд цæстысыгæй ныккуыдта. Лæг ын уæддæр дзуры, мæгуыр кæй сты, зын сын кæй уыдзæни, сæ сывæллæттæ æххормагæй куы мæлой, уæд уыдоцмæ кæсын. Фæстагмæ ус дæр сразы лæджы фæндыл. Æнгуылдзы йас лæппу фынæй нæ кодта, æмæ хъуыста йæ мад æмæ йæ фыды ныхæстæм. Суанг бонмæ нал бафынæй, цы бачындæуа, зæгъгæ, ууыл хъуыды кодта. Æнгуылдзы йас лæппу боны цъæхæй фестади æмæ доны былмæ ацыди. Уым æрæмбырд кодта лыстæг урс дуры къæрттытæ æмæ сæ йæ дзып- пытæ байдзаг кодта, æмæ сæхимæ ссыди. Æхсæвы цы фехъуыста, уый æфсымæртæй никæмæн загъта. Хъæддзау йæ сывæллæтты хъæдмæ акодта. Æнгуылдзы йас лæппу цыди сеппæты фæстæ. Йæ дзыппæй иста урс дуры къæрттытææмæ сæ иугай- дыгай фæндагыл æппæрста. Бахæццæ сты тар хъæды астæумæ. Хъæддзау райдыдта бæлæстæ калын, лæппутæн та уистæ æмбырд кæнын æмæ бæттын кодта. Сывæллæттæ 13
кусын куы райдыдтой, уæд мад æмæ фыд сын- дæггай сæхи райстой, æмæ сывæллæттæй дзæвгар куы рауадысты, уæд ралыгъдысты иу къæдз-мæдз къахфæндагыл. Чысыл фæстæдæр лæппутæ куы бамбæрстой, иунæгæй кæй баззадысты, уый, уагд сæ тых сæ бонæй хъæр кодтой æмæ куыдтой. — Ма тæрсут, ме ’фсымæртæ,—загъта сын Æн- гуылдзы йас лæппу,—æз уæ хъæдæй акæндзынæн æмæуæ нæхимæ ныххæццæ кæндзынæн. Мæ фæ- дыл цæут! Æфсымæртæ рацыдысты йæ фæдыл, æмæ сæ Æнгуылдзы йас лæппу сæ хæдзармæ æрхæццæ кодта, хъæдмæ цы фæндагыл ацыдысты, раст уыцы фæндагыл. Лæппутæ хæдзармæ æвиппайды бацæ- уын нæ бауæндыдысты, фæлæ дуаргæрон æрны- гъуылдысты, сæ мад æмæ сæ фыд цы ныхас кæ- нынц, уымæ байхъусыны тыххæй. Хъæддзау йæ усимæ хъæдæй куыддæр æрыз- дæхтысты сæхимæ, афтæ йын, кæмæ куыста, уыцы хицау дæс сызгъæрины æрбарвыста. Уыцы æхца дзы рагæй дардта хицау, хъæддзау сын рай- сын æнхъæл дæр нал уыди. Хъæддзау уайтагъд йæ усы дзидза уæйгæнæг- мæ арвыста. Ус балхæдта дзидза, дыууæйæ сæ æхсæвæрæн цас хъуыди, уымæй æртæ хатты фыл- дæр. Рагæй уыдысты æххормаг. Æхсæвæр куы бахордтой æмæ куы бафсæсты- сты, уæд ус лæгæн дзуры: — Афонмæ цы фесты нæ мæгуыр сывæллæт- тæ?.. Уый иууылдæр ды уыдтæ! Ды æрхъуыды 14
кодтай уыдон хъæды ныууадзын. Дзырдтон дын, фæсмон фæкæндзыстæм, зæгъгæ. Афонмæ цы ми кæнынц? Чи зоны æмæ сæ бирæгътæ бахордтой!— Йæхæдæг хъæрæй ныккуыдта.— Кæм стут, мæ сывæллæттæ, мæ чысыл хъæбултæ? Сывæллæттæ дуарæй хъуыстой мады ныхæс- тæм æмæ æмхуызонæй схъæр кодтой: — Ам стæм! Ам! Мад сын дуаркæнынмæ фæци, фыр цинæйсын хъæбыстæ кæны æмæ сын дзурьк — Цы æхсызгон мын у уæ фенд, мæ зынаргъ сывæллæттæ! Æвæццæгæн, бафæлмæцыдыстут, стæй æххормаг дæр уыдзыстут. Лæппутæ фынджы алыфарс абадтысты æмæ хæринагыл сæхи ныццавтой. Сæ фыд æмæ сæм сæ мад кæсынтыл фесты фыр цинæй. Æхсæвæр куы бахордтой, уæд авдæй дæр, кæрæдзийæн дзурыны бар дæр нал лæвæрдтой, афтæмæй ны- хас кодтой, хъæды куыд тарстысты, уый тых- хæй. Хъæддзау æмæ йæ ус тынг амондджын уыдыс- ты, сæ сывæллæттæ сæхимæ кæй сты, уымæй. Фæлæ уыцы циндзинад ахаста, цалынмæ сын дæс сызгъæрины фаг кодтой, уæдмæ. Сызгъæринтæ куы фесты æмæ та æххормаг кæнын куы бай- дыдтой, уæдта ныййарджытæ сагъæсы бацыдыс- ты æмæ та сфæнд кодтой, сывæллæтты хъæдмæ фæкæнын. Ацы хатт сывæллæттæ сæхимæ фæндаг иæмæй мауал ссардтаиккой, уый тыххæй сæ дард- дæр акæнын фæнд скодтой. Хъæддзау æмæ йæ ус 15
сусæгæй баныхас кодтой, фæлæ та сæм Æнгуыл- дзы йас лæппу хъуыста. Райсомæй та раздæр сыстади, дуртæ ’æмбырд кæнынмæ ацæуыны тыххæй. Фæлæ дуар фидар æхкæд разынди, æмæ йын хæдзарæй æттæмæ рацæуæн нæ уыд. Æнгуылдзы йас лæппу катай кæнын байдыдта, уæдæ ма цы акæнон ныр, зæгъгæ. Мад сывæллæттæй алкæмæн дæр дзулы кæрдих куы радта, уæд Æнгуылдзы йас лæппу дзулы кæрдих йæ дзыппы цæвæрдта дурты бæсты. Фыд æмæ та мад сывæллæтты акодтой дард- дæр, тардæр цы хъæд уыди, уырдæм æмæ та сæ уым ныууагътой, сæхæдæг та рахъуызыдысты. Æнгуылдзы йас лæппу мæт нæ кодта. Æнхъæл уыдис сæхимæ фæндаг æнцонæй ссарын, фæнда- гыл цы дзулы муртæ фæкалдта, уыдонмæ гæсгæ. Фæлæ хъуыддаг афтæ нæ рауади! Дзулы муртæй иу дæр нал ссардта: цъиутæ сæ æруыгътой.. Лæппутæ бынтондæр нынкъард сты. Куыд дарддæр цыдысты, афтæ фæндаг бынтондæр нал ардтой æмæ тар хъæды * арфæй-арфдæр цы- дысты. Æрталынг. Тыхджын дымгæ сыстад. Сывæл- лæттæ тынг фæтарстысты. Цыма алырдыгæй би- рæгътæ ниуынц æмæ сæ бахæрдзысты, уыйау сæм касти. Лæппутæ ныхас кæнын дæр æмæ фæс- тæмæ фæкæсын дæр нал уæндыдысты. Уалынмæ стыр къæвда рацыди, æмæ сывæл- лæттæ бынтондæр ныххуылыдз сты. Сæ развæн- даг нал уыдтой, къахдзæфæн калд кодтой, цъы- 16
фæй сæхи сызмæстой, куы-иу сыстадысты, уæд та-иу фæстæмæ фæкалдысты. Тынг куы сфæлмæцыдысты, уæд сæ Æнгуыл- дзы йас лæппу баурæдта, йæхæдæг бæласы цъупп- мæ сбырыд, кæд хæстæг искуы фæндаг ис, зæгъ- гæ, уымæ акæсыны тыххæй. Фæйнæрдæм куы акасти, уæд æм хъæды æтте дардæй цырагъы гæзæмæ рухс фæзынди. Æнгуылдзы йас лæппу бæласæй æрхызти æмæ йе’фсымæрты акодта рухс æм кæцæй ферттывта, уыцырдæм. Бирæ фæцыдысты, фылдæр хатт-иу цырагъы рухс дæр нал уыдтой. Фæстагмæ, уæддæр, рахыз- тысты хъæды кæронмæ æмæ, рудзынгæй рухс кæцæй цыди, уыцы хæдзар ауыдтой. Бацыдысты йæм. Дуар бахостой. Иу ус сын дуар бакодта æмæ сæ афарста, цы уæ хъæуы, зæгъгæ. Æнгуылдзы йас лæппу йын бамбарын кодта, фæндаг кæй нал арынц, уый æмæ усæн балæгъстæ кодта мидæмæ сæ цæмæй бауадза, уый тыххæй. Сылгоймаг скуыдта æмæ загъта: — Мæгуыр уæ бон, мæнæ сывæллæттæ, кæдæм æрбахаудтат! Ам, чысыл сывæллæтты чи хæры, уыцы лæгхор куы цæры, уæд мидæмæ кæдæм цæут! — О, хорз ус, уæдæ цы бакæнæм,—зæгъгæ, загъта Æнгуылдзы йас лæппу, уазал æмæ фыр тæссæй ризгæйæ. Ацы æхсæв нæ куы нæ бавæрат, уæд нæ уæддæр бирæгътæ бахæрдзысты хъæды. Уадз æмæ нæ фæлтау лæгхор бахæрæд. Чи зоны 19
ма нын уый тæригъæд уæддæр бакæна, ды йын тынг куы балæгъстæ кæнай, уæд. Лæгхоры ус ахъуыды кодта, чи зоны æмæ йæ бон бауа райсоммæ сывæллæтты йæ мойæ бам- бæхсын. Бауагъта сæ мидæмæ æмæ сæ арты фарс- мæ сбадын кодта. Артыл та лæгхорæн æхсæвæрмæ уæхстыл физонæг кодта æнæхъæн фыр. Сывæллæттæ артмæ сæхи чысыл ахъарм код- той, уалынмæ сæм æрбайхъуысти дуары тыхджын гуыппытæ. Уый лæгхор сæхимæ æрбацæйцыд. Лæгхоры ус сывæллæтты сынтæджы бын амбæхс- та, йæхæдæг дуар кæнынмæ ауади. Лæгхор йæ усы афарста, æхсæвæр цæттæ у, сæн байгом кодта æви нæ, æмæ уайтагъд фынджы фарсмæ æрбадти. Фыр æххæст фых нæма уыди, фæлæ йæ, уæддæр, хæрын райдыдта. Афтæ йæм адджындæр касти. Уалынмæ фæйнæрдæм акæстытæ кодта, уæл- дæфмæ басмыста æмæ загъта, адæймаджы тæф мæ былтыл ауад, зæгъгæ. — Раст зæгъыс, ныртæккæ цы род бастыгъ- тон, уый тæфу,—зæгъгæ, дзуалп радта ус. — Æз дын зæгъын, ног адæймаджы тæф цæуы кæцæйдæр! — ныллæууыдис лæгхор æмæ усмæ æнæууæнк каст кæны.—Куыд дæм кæсын, афтæмæй мæ цыдæр æмбæхсыс. Лæгхор фынгæй сыстад æмæ сынтæгмæ бараст. — Уæдæ мæ фæсайынмæ хъавыдтæ! — загъта лæгхор. Дæуæн дæхи раджьгхъуыдис бахæрын, фæлæ дæ амонд у æмæ æгæр зæронд дæ. Адон 20
тал чи хъæуы, ахæмтæ сты! А-дыууæ боны мæм хъуамæ ме’ртæ хæлары фæзыной, æмæ сæ цæмæй суазæг кæнон, уый мæм уыдзæни ныр. Æмæ лæппуты сынтæджы бынæй иугай-дыгай раласта. Сывæллæттæ, мæгуыр, йæ разы сæ зонгуытыл æрлæууыдысты æмæ йын лæхстæ кæнын райдыд- той, бахатыр нын кæн, зæгъгæ. Фæлæ уый уыди лæгхортæн сæ тæккæ æнæхатырдæртæй. Лæппу- тæн æппындæр тæригъæд нæ кодта æмæ сæ уыцы зыд рауын-бауын кодта. — Хорз лывзæ сæ рауайдзæни! — загъта йæ усæн. — Уæлдайдæр сын чысыл басгонд куы скæ- най, уæд. Лæгхор райста кард æмæ йæ райдыдта сигæ- цыл цыргъ кæнын. Лæппутæй иуы йе’фцæккотæй куы систа, уæд æм йæ ус бадзырдта: — Æнафон уыдон куысты цы бацыдтæ? Рай- сом дын нæ фæуыдзысты, æви цы? Дзидза дын нырма бирæ куы ис! Æнæхъæн род, дыууæ фысы, стæй ма иу хуыйы æрдæг. — Æвæдза, раст зæгъыс,— загъта лæгхор.— Æхсæвæрыл сæ хорз бафсад, цæмæй ма смæллæг уой, æмæ сæ схуыссын кæн. Зæрдæхæлар сылгоймаг тынг сцин кодта æмæ сывæллæттæн уайтагъд æхсæвæр авæрдта. Фæлæ сывæллæттæн тæссæй сæ хъуыры хæринаг нæ цыд. Лæгхор, йæ хæлæртты хорз фендзæни, зæгъ- гæ, та уый цинæй нуазын райдыдта сæн. Фыр ци- 21
нæй дзы дзæвгар анызта, срасыги, хуыссæны бахаудта æмæ бафынæй. Лæгхорæн уыдис авд чызджы. Чысыл чыз- джытæ, сæ фыдау хордтой хом дзидза, уый тых- хæй уыдысты сырхуадул. Чызджытæ уыдысты сæгъдзаст, тымбыл хæрз чысыл цæстытæ, сæ фындзтæ къæдз, сæ дзыхтæ стыртæ, зындысты сæ даргъ, цыргъ æмæ стæм дæндæгтæ. Чызджыты иу схуыссын кодтой раджы. Авдæй дæр хуыссы- дысты иу егъау сынтæгыл, алкæуыл дæр дзы уыди сызгъæрин худ. Уыцы уаты ма уыди ноджыдæр иу ахæм стыр сынтæг. Æмæ уым та авд лæппуйы схуыссын кодта лæгхоры ус. Æнгуылдзы йас лæппу куы хуыссыди, уæд бафиппайдта лæгхоры чызджытыл сызгъæрин худтæ. Лæппу бавдæлд æмæ æхсæвыгон сыстади, йе’фсымæрты сæртæй худтæ систа, йæхи худ дæр систа, афтæмæй сындæггай бацыди лæгхоры чыз- джытæм æмæ сыл йе’фсымæрты худтæ æмæ йæхи худ ныккодта, чызджыты сызгъæрин худтæ та йе’фсымæртыл æмæ йæхиуыл ныккодта. Тар- сти, лæгхормæ æхсæвы мийаг æндæр хъуыды куы æрцæуа, æмæ сæ æхсæвыгон куы аргæвда, уымæй. Æнгуылдзы йас лæппу куыд æнхъæл уыди, хъуыддаг афтæ рауад. Лæгхор æмбисæхсæв рай- хъал æмæ фæсмон кодта, абон бакæнинаг чи уыд, уый райсоммæ цæмæн ныууагътон, зæгъгæ. Хуыс- сæнæй фестад æмæ йæ кард райста. •)•)
— Цон æмæ мæ лывзæ абæрæг кæнон,— загъта лæгхор. Хъуызгæ æмæ уырзæй скаргæ бацыдис йæ чызджыты уатмæ, бацыди лæппутæ кæм хуыссы- дысты, уыцы сынтæгмæ. Æнгуылдзы йас лæппу фынæй нæ уыди. Лæгхор ын йæ къух йæ сæрыл куы æруагъта, уæд лæппуйæн фыртæссæй йæ уд бынтондæр ауад.Фæлæ лæгхор йæ уырзтæ сызгъæ- рин худыл куы æрхаста æмæ йæ куы бамбæрста, уæд загъта: — Чысыл ма бахъæуа, бæллæх скæнон! Бæ- рæг у, знон æгæр кæй анызтон, уый. Уый фæстæ бацыди йæ чызджыты сынтæгмæ, ’йæ уырзтæй аскæрста худтæ. — Ам сты! — загъта лæгхор.—Цæй, ныр рай- дайон! Уыцы ныхæстæ кæнгæйæ, райдыдта йæ чызджыты æргæвдын. Куыст куы фæци, уæд та фæстæмæ схуыс- сыди æмæ бафынæй. Æнгуылдзы йас лæппу куыддæр фехъуыста лæгхоры хуыр-хуыр, афтæ райхъал кодта йе’фсы- мæрты, сæ гæрзтæ сын скæнын кодта æмæ, тагъд нæ фæндаг дарæм, зæгъгæ, сын бамбарын кодта. Лæппутæ сындæггай цæхæрадонмæ ныххызтысты, уырдыгæй быруйы сæрты агæппытæ кодтой. Æх- сæв-бонмæ фæуадысты, кæдæм цыдысты, уый сæхæдæг дæр нæ зыдтой, лидзгæ кодтой, фæлæ фыртæссæй æмризæджы рызтысты. Лæгхор райсомæй куы райхъал, уæд дзуры йæ усмæ: 25
— Уæлæмæ ссу æмæ зноны лæппуты фæн- дагмæ барæвдз кæн. Усмæ тынг диссаг фæкасти, йæ лæг афтæ хæларзæрдæ кæй разынди, уый. Афтæ æнхъæлд- та, йæ лæг лæппуты сæхимæ æрвитын кæны. Ус уæлæмæ ссыди, уатмæ бацыди, æмæ йæ чыз- джыты иууылдæр мардæй куы ауыдта, уæд йæхæ- дæг дæр уым æрхаудта. Ус æгæр æрæгмæ куы здæхти, уæд лæгхор йæ- хæдæг ацыди йæ фæдыл. Куы бакаст æмæ ахæм æбуалгъы хабар куы федта, уæд хорзау нал фæ- ци æмæ сагъдауæй аззади. — Уæу, мæнæ цы бакодтон! — нырдиаг кодта лæгхор.— Цæй, хорз!.. Æз сын бацамондзынæн уыцы æвзæртæн... Усай! Мæ тагъддзу-цырыхъытæ мын радав, æз сæ ныртæккæ рацахсон. Лæгхор лæппуты фæсте асырдта. Бирæ фæ- рахау-бахау кодта, фæстагмæ бафтыди, сывæл- лæттæ, мæгуыр, кæуылты лыгъдысты, уыцы фæн- дагыл. Сывæллæтты сæ хæдзармæ бирæ нал хъуыди, афтæ ауыдтой лæгхоры. Хохæй хохмæ къахдзæф кодта, стыр доны сæрты уыцы иу гæпп кодта, цыма чысыл доны сæрты хызти, уыйау. Æнгуылдзы йас лæппу рацагуырдта иу чысыл лæгæт, йе ’фсымæрты уым бамбæхста, йæхæдæг æрныгъуылд æмæ кæсы, лæгхор цы ми кæндзæни, уымæ. Лæгхор дзæгъæл уадæй сфæлмæцыд æмæ аулæфын фæнд скодта. Æрбадти, лæппутæ цы къæдзæхы бын æмбæхст уыдысты, уыцы къæ- дзæхыл, æмæ уайтагъд афынæй. 26
Фынæйæ афтæ хуырхуыр кодта, æмæ сывæл- лæттæ,лæгхор знон стыр кард куы цыргъ кодта, уæд куыд фæтарстысты, уымæй ныр дæр къаддæр нæ фæтарстысты. Фæлæ Æнгуылдзы йас лæппу нæ фæтарсти. Йе ’фсымæртæн загъта, цалынмæ лæг- хор тарф фынæй у, уæдмæ нæхимæ лидзгæ ут, зæгъгæ. Æфсымæртæ йæм байхъуыстой æмæ сæ тых сæ бонæй лидзын байдыдтой. Æнгуылдзы йас лæппу лæгхормæ сабыргай бахъуызыди, сындæггай йын йæ тагъддзу-цыры- хъытæ раласта æмæ сæ уайтагъд йæхи къæхтыл акодта. Уыцы стыр уæрæх цырыхъытæм уыдис иу диссаджы миниуæг: стыр дæр кодтой, стæй чы- сыл дæр кодтой æмæ сæ-иу йæ уæлæ чи скодта, уымæн-иу куыд хъуыди, афтæ уыдысты. Уымæн уыдысты уыцы цырыхъытæ Æнгуылдзы йас лæп- пуйы аккаг, раст цыма уый тыххæй хуыд уыдыс- ты, афтæ. Æнгуылдзы йас лæппу тагъддзу-цырыхъытæ йæ къæхтыл куы скодта, уæд уыцы иу растæй бацыди паддзахы галуанмæ. Паддзах та уыцы рæстæджы хæцыди йæ сыхаг паддзахимæ. Уымæн раст йæ хæд размæ хъуамæ уыдаид стыр хæст, фæлæ цæуыл ахицæн хæст, уымæн ничи ницы зыд- та. Æфсæдтæ афтæ дард уыдысты, æмæ цыфæнды дугъон бæх дæр не ’рбахæццæ уыдаид уырдыгæй æртæ къуырийæ раздæр. Æнгуылдзы йас лæппу паддзахмæ ныллæууы- дис та1 ъддзу-фæдисонæй. Æмæ уыцы изæр пад- дзахмæ æрбахаста хæстæй хорз хабæрттæ. Пад- 27
дзахæн æхсызгон уыдысты уыцы хабæрттæ æмæ лæппуйæн бирæ хорз лæвæрттæ бакодта. Хъæз- дыг лæвæрттимæ Æнгуылдзы йас лæппу йæ хæ- дзармæ, йæ ныййарджытæм ныффардæг. Уæдæй фæстæмæ хорз цæрын райдыдтой, хъуагдзинад нал зыдтой.
ФÆНЫКГУЫЗ. Иу хъæздыг лæгæн йæ ус куы амарди, уæд та ракуырдта иу идæдз усы, сæрыстыр æмæ хип- пæлой чи уыди, ахæм. Усæн уыди дыууæ чызджы, алы æгъдауæй дæр уыдысты сæ мады хуызæн, уыдон дæр сæ мадау сæрыстыртæ. Лæгæн та уыдис иунæг чызг, сабыр æмæ хæларзæрдæ, алы æгъ- дауæй дæр йæ мады хуызæн. Чындзæхсæв куыддæр ахицæн, афтæ дын ус уайтатъд райдыдта йе’взæр митæ кæнын. Фыццаг æрбацыдæй нæ бауарзта йæ лæджы чызджы, рæ- сугъд æмæ хæларзæрдæ кæй уыди, уый тыххæй. Уый цур ын йæ чызджытæм кæсгæ дæр ничи кодта, афтæ фыдуынд уыдысты. Фыды ус хæ- дзары куыстытæ иууылдæр кæнын кодта мæгуыр сидзæр чызгæн: мигæнæнтæ æхсын, асинтæ мæр- зын, пъолтæ сæрфын æмæ æнд. Сидзæр .чызджы хуыссын кодтой цары æвзæр хъæмпын лыстæныл. Усы чызджытæ та цардысты рæсугъд уæтты, хорз сынтæджытæ, стыр кæсæн- 29
тæ æмæ алцы æппæт кæм уыди, ахæм раидааст уæтты. Адæймаг сæ йæхи уыдта, ахæм уæтты. Сидзæр чызг, мæгуыр, алцæмæй дæр æфхæрд æййæфта, фæлæ йæ фыдмæ нæ уæндыди ба- хъаст кæнын. Фыд æм уæддæр нæ байхъуыстаид, уымæн æмæ алцæмæй дæр йæ ног усы коммæ касти. Сидзæр чызг-иу йæ куыстытæ куыфæци,уæд- иу артдзæстмæ бацыди æмæ-иу уым фæныкыл сбадти. Уый тыххæй йæ схуыдтой Фæныкгуыз. Усы чызджытæй хисдæр уæлдай налатдæр уыди, æмæ уый та сидзæр чызджы хуыдта Чъиллон. Дыууæ хойы кæд цыфæнды хорз арæзтой сæ- хи, уæддæр Фæныкгуыз уыдонæй сæдæ хатты рæ- сугъддæр уыди йæ чъизи дзаумæтты. Иухатт паддзахы фырт куывд скодта æмæ йæ паддзахады цыдæриддæр хъæздыг адæмæй уыди, уыдон æрхуыдта. Уырдæм хуынд уыдысты Фæ- ныкгуызы хотæ дæр. Тынг æхсызгон сын уыди æмæ сæхи райдыдтой цæттæ кæнын. Фæныкгуызæн та ног куыст: йæ хотæн сæ дзауматыл иту æвæ- рын, уыдоны сыгъдæг кæнын æмæ æнд. Фыр цинæй дыууæ хойы дыууæ боны ницы бахордтой, нарæгастæутæ цæмæй зындаиккой, уый тыххæй, æппынæдзух кæсæнмæ кастысты сæхимæ. Сæхи хуыздæр цæмæй саразой æмæ сæхи хуыздæр цæмæй равдисой, æдзухдæр уый кой кодтой. — Æз мæ крузаваджын сырх хъæдабæ къа- ба скæндзынæн,—загъта хисдæр хо. 30
— Æз та,—загъта кæсдæр хо, — мæ сызгъæ- рин дидинæгджын уæлæфтау æрбакæндзынæн, мæ бриллиантджын рон бабæттдзынæн. Хотæ сæхи куыд хуыздæр саразой æмæ сæхи куыд хуыздæр равдисой, уымæй фарстой Фæнык- гуызы, уымæн æмæ уый ахæмтæм рæвдздæр уыди. Аивдæр æмæ хуыздæр куыд уыдзæни, уыдæттæ сын амыдта Фæныкгуыз, суанг ма сын сæ дзык- кутæ дæр ныффаста. Йæ хотæн сæ дзыккутæ куы фаста, уæд æй радыгай фарстой: — Фæныкгуыз, дæу нæ фæнды хъазтмæ ацæуын? —О, мæ хотæ, цæмæн мæ хъазут! Мæн та уырдæм чи уадзы. — Растзæгъыс: ахæм чъизийæуырдæм куы ба- цæуай, уæд дыл худдзысты. Уымæй æндæр куы уыдаид, уæд сын сæ дзык- кутæ æвзæр ныффастаид, сæ дзаумæттæм сын нæ базылдаид афтæ бæстон, фæлæ Фæныкгуыз зæр- дæхæлар уыди æмæ хоты, хуыздæр куыд æмбæлд, афтæ срæвдз кодта. Уалынмæ сæ цæуын афон æрхæццæ: хотæ сбадтысты къареты æмæ афардæг сты паддзахы галуанмæ. Фæныкгуыз сæ фæстæ дзæвгар фæкас- ти, æмæ куы фæаууон сты, уæд скуыдта. Уалынмæ йæ уæлхъус æрбалæууыд йæ мады хо. Фæныкгуызы кæугæ куы федта, уæд æй фæр- сы, цы кæныс, зæгъгæ. —Мæн дæр фæнды... тынг мæ фæнды... 33
Йæхæдæг ставд цæссыгæй афтæ ныккуыдта, æмæ йæ бон’дзурын дæр нал уыди. Уæд æй йæ мады хо фæрсы (йæ мады хо та уыди хинтæ гæнæг): — Фæнды дæ хъазтмæ ацæуын? — Тынг мæ фæнды!—ныуулæфыд æмæ загъта Фæны’кгуыз. — Хорз уæдæ,—загъта мады хо.—Кæд мæ коммæ кæсай, уæд æз афтæ бакæндзынæн, æмæ ды дæр бахаудзынæ хъазтмæ. Ауай цæхæрадонмæ æмæ мын нас æрбахæсс. Фæныкгуыз уайтагъд азгъордта цæхæрадонмæ, настæн сæ тæккæ хуыздæр ратыдта æмæ йæ æр- бахаста йæ мады хомæ. Фæлæ не’мбæрста, нас ын хъазтмæ бахауынæн цы баххуыс кæндзæн, уый. Хингæнæг ус насы æппытæ ракалдта, ныу- уагъта ма йын æрмæст йæ цъар. Уый фæстæ йæ йæ хины лæдзæгæй æрцавта. Нас уайтагъддæр рæ- сугъд сызгъæрин доны тылд къарет фестади. Уый фæстæ хингæнæг ус цъысыммæ бакасти æмæ дзы ауыдта æхсæз удæгас мысты. Фæнык- гуызæн цъысымы дуар чысыл базыхъыр кæнын кодта, цъысымæй мыстытæ иугай-дыгай куыд гæп- пытæ кодтой, афтæ сæ хингæнæг ус йæ хины лæдзæгæй цавта. Мыст-иу хорз бæх фестади. Уалынмææхсæз мыстхуыз рæсугъд бæхы ифтыгъ- дæй фестадысты. Хингæнæг ус ахъуыды кодта, бæхтæн скъæ- рæг цæмæй ачындæуа, зæгъгæ. — Цон æмæ æз цъысыммæ бакæсон, кæд дзы, 34
мийаг, уыры ис. Уый та нынбæхтæрæг! — загъта Фæныкгуыз. — Æцæг зæгъыс! Цу ма фен дзы,—загъта хингæнæг ус. Фæныкгуыз цъысым æрбахаста. Цъысымы уы- ди æртæ стыр уырыйы. Хингæнæг ус оравзæрста уырытæн сæ тæккæ рихиджындæры. Йæ хины лæдзæгæй йæ æр- къуырдта, æмæуырыйы фестын кодта бæхтæрæг — бæзæрхыг стыр рихитимæ. Стæй та загъта Фæныкгуызæн: — Ауай дыргъдонмæ, уым дон пырхкæнæны фæстæ ссардзынæ æхсæз мæкъулæджы æмæ сæ ардæм рахæсс. Фæныкгуыз мæкъулджытæ æрбахаста. Хингæ- нæг ус сæ лæккадгæнджытæ фестын кодта. Уай- тагъд багæппытæ кодтой къаретмæ фæсте æмæ сæ бынæтты алæууыдысты, цыма цæрæнбонты уыцы куыст кодтой, уыйау. Уæд хингæнæг ус фæрсы Фæныкгуызы: — Ныр дын, хъазтмæ цæуыл ацæуай, уый ис. Дæ зæрдæмæ цæуы? — Мæ зæрдæмæ та куыннæ цæуы. Фæлæ ахæм чъизи къабайы мидæг куыд ацæудзынæн хъазтмæ? Хингæнæг ус йæ лæдзæгæй гæзæмæ аныдзæвд Фæныкгуызыл. Уайтагъд йæ уæлæ фестади алы зынаргъ дарæс, сызгъæрин æмæ æвзистæй хуыд- тæ, алыхуызон хæзнадуртимæ. Хингæнæг ус ма йын радта дыууæ рæсугъд дзабыры, мæйтæ æмæ 35
сæ стъалытæ касти, ахæмтæ. Фæныкгуыз хæрз арæзтæй къареты сбадти. Фæныкгуыз куы раст кодта, уæд ын хингæнæг ус тыит бафæдзæхста, хъазты æмбисæхсæвæй фæстæдæр куыннæ баззайа, афтæ. Минут фæстæ- дæр дзы куы баззайа, уæд йæ къарет фæстæмæ нас фестдзæни, бæхтæ мыстытæ фестдзысты, лæк- кадгæнджытæ — мæкъулджытæ, йæ рæсугъд дарæс та — зæронд къаба фестдзæни. Фæныкгуыз ын зæрдæ бавæрдта, хъазтæй афоныл кæй раздæхдзæни, уый тыххæй. Йæхæдæг арасти паддзахы галуанмæ, фыр цинæй цы акод- таид, уымæн ницыуал зыдта. Галуанмæ^куы бахæццæ, уæд паддзахы фырт- мæ фæхабар. кодтой, цавæрдæр паддзахы чызг æрбацыди, æмæ чи |у, уый ничи зоны, зæгъгæ. Паддзахы фырт уайтагъд йæ размæ рауади, йæ къух ын райста, къаретæй йæ раргъæвта, æмæ уазджытæ кæм кафыдысты, уырдæм æй бакодта. Дуарæй\ куы бахызтысты, уæд адæм æгуып- пæгæй аззадысты: сæ хъазт фæурæдтой, фæн- дыры цагъд фæсабыр — афтæ диссаг сæм фæ- касти æнæзонгæ чызджы аив æмæ рæсугъд- дзинад. Æрмæст ма сæ кæрæдзиимæ сусæгæй дзырдтой: — Уæртæ цы рæсугъд у, уæртæ! Паддзах йæхæдæг дæр йæ усæн сусæгæй дзырдта, ахæм рæсугъд æмæ ахæм аив чызг æрæджыты никуыуал федтон, зæгъгæ. Сылгоймæгтæ йæм цыдысты æмæ йын йæ да- 36
рæе рауын-бауын кодтой, цæмæй дзы алчидæр райсом йæхицæн бахуыйын кæна ахæм къаба æмæ ахæм дзабыртæ; хорз хъуымац æмæ сæ афтæ хорз чи бахуыйа, ахæм хуыйджытæ кæд ссарой, уæд. Паддзахы фырт Фæныкгуызы сбадын кодта тæккæ кадджындæр бынаты, стæй йæ кафынмæ рахуыдта. Чызг афтæ хорз, афтæ аив ракафыд, æмæ йæм адæм джихæй баззадысты. Уалынмæ уазджыты сбадын кодтой, фынгыл æрæвæрдтой алы хæрд, алы нозт. Паддзахы фырт йæ къух дæр ницæмæ бакодта — æдзух ■; касти Фæныкгуызмæ. Фæныкгуыз æрбадти йæ хоты фарсмæ. Хъазгæ, худгæйæ ныхас кодта семæ. Паддзахы фырт ын цы апельсинтæ радта, уыдонæй сын авæрдта. Дыууæ хойы дис кодтой, уымæн æмæ йæ нæ базыдтой. Æмбисæхсæвмæ ма чысыл хъуыди, афтæ Фæ- ныкгуыз уайтагъд фестади, уазджытæн йæ сæрæй акуывта, тагъд разгъордта уатæй, цæст дæр æй нал ауыдта. Фæныкгуыз сæхимæ куы ссыди, уæд арфæ ракодта хингæнæг усæн æмæ йын загъта, райсом дæр ма йæ кæй фæнды хъазтмæ ацæуын, уымæн æмæ йын паддзахы фырт йæхæдæг загъта, æрба- цу-иу, зæгъгæ. Паддзахы галуаны цы’уыдй æмæ дзы цы федта, уыдон цалынмæ усæн дзырдта, уалынмæ йæ хотæ дуар æрбахостой. Фæныкгуыз сын дуар кæнынмæ ацыди. — Цæй бирæ дзы афæстиат стут! — зæгъгæ, 37
сæ афарста, йæхæдæг, цыма ныртæккæ райхъали, уыйау йæ ком ивазы, йæ цæстытæ æууæрды. — Ды уым куы уыдаис,—дзырдта йæм йæ хо- тæй иу,—уæд хъæлдзæг уыдаис: хъазтмæ æрба- цыдис иу чызг, конд æмæ уындæй ахæм бæстыл нæ разындзæни. Нæ цуры сбадти, немæ тынг хæларæй фæныхас кодта, суанг ма нын апельсин- тæ дæр радта. Фæныкгуызæн тынг æхсызгон уыдысты уы- цы ныхæстæ. Йæ хоты афарста, йæ ном та цы хуыйны уыцы чызгæн, зæгъгæ. Уыдон загътой, йæ ном ын ничи зоны. Паддзахы фырт, æвæццæ- гæн, йæ фæллой иууылдæр раттид, уыцы чызг чи у, уый базоныны тыххæй. Фæныкгуыз бахудти æмæ загъта: — Ау, афтæ рæсугъд у? Цы амондджын стут сымах! Æрмæст æм кæсгæ куы бакæнин. Уый фадат мын нæ уыдзæни?.. — Мæ хойы гæбаз,—загъта йæ хотæй иуæн,— дæ бур къаба мын авæр, хæдзары кæй дарыс, уый! — Æндæрдæ ницы хъæуы?—дзуапп ын радта хо.—Ахæм чъиллонæн дæ къаба ратт! Æрра мæ хоныс, æви цы? Фæныкгуыз хуыздæр дзуапп æнхъæл нæ уыди. Цы бакодтаид, йæ хо йын йæ къаба куы раттаид, уæддæр? Дыккаг бон дæр та дыууæ хойы ацыдысты хъазтмæ. Сæ фæдыл та ацыди Фæныкгуыз дæр, фыццаг бон куыд арæзт уыди, уымæй ноджы арæзтдæрæй. 38
Паддзахы фырт иу минут дæр йæ цурæй нæ цух кодта, æдзух ын хъæлдзæг рæсугъд ныхæс- тæ кодта. Фæныкгуыз тынг схъæлдзæг, æмæ дзы ферох ис, хингæнæг ус ын цы бафæдзæхста, уый. Афтæ æнхъæлдта раджы ма у. Уалынмæ æмбисæхсæв фæци. Фæныкгуыз фæгæпп кодта, тагъд азгъордта, сæгуытау. Паддзахы фырт дæр йæ фæдыл, фæлæ йæ нал аййæфта. Фæныкгуызæн фыр тагъдæй йæ басмахъытæй иу асинтыл аззад. Паддзахы фырт æй систа æмæ дуаргæсты афарста, паддзахы чызг кæуылты ацы- дис, уый сæ ничи федта, зæгъгæ. Дуаргæстæ йын дзуапп радтой, æттæмæ ничи рацыдис иу æрыгон чызджы йеттæмæ, æвзæр дарæсы мидæг, æмæ уый паддзахы чызджы хуызæн нæ уыдис, хъæу- уон чызджы хуызæн уыди, зæгъгæ. Фæныкгуыз лæф-лæфгæнгæ сæхимæ балæу- уыд, æнæ къарет, æнæ лæккадгæнджытæ, йæ зæ- ронд дарæсты. Йæ хорз дарæсæй йæм ницыуал баззади йæ иу басмахъы йеттæмæ. Йæ хотæ хъазтæй куы раздæхтысты, уæд сæ Фæныкгуыз афарста ацы хатт дæр афтæ хъæл- дзæг уыдысты, стæй та уыцы рæсугъд чызг дæр уым уыди, зæгъгæ. Хотæ йын дзуапп радтой, рæсугъд чызг дæр уым уыди. Фæлæ æмбисæхсæв куыддæр фæци, афтæ уыцы иу згъорд ракодта, фыр тагъдæй ма йæ иу басмахъ дæр ахаудта. Паддзахы фырт систа басмахъ, равдыста йæ адæммæ æмæ суанг кæрон- мæ уымæ кæсыныл уыдысты. Паддзахы фырт. 39
æвæццæгæн, тынг бауарзта, басмахъ кæй у, уыцы чызджы. Хотæ раст загътой. Цалдæр боны фæстæ пад- дзахы фырт фæсидти фйдиуæгтæм æмæ сын загъта, ацæут æмæ паддзахады цыдæриддæр адæм ис, сеппæтæн дæр фехъусын кæнут, ацы басмахъ кæй къахы аккаг разына, уыцы чызджы паддзахы фырт ракурдзæни, зæгъгæ. Басмахъ райдыдтой фæлварын фыццаг паддза- хы чызджытæ, стæй хъæздыг адæмты чызджытæ, фæлæ сæ иуæн дæр йæ къахы аккаг нæ разынд. Басмахъ æрбахастой Фæныкгуызы хотæм дæр. Уыдон дæр æй радыгай фæлвæрдтой, сæ тых сæ бонæй архайдтой басмахъ скæныныл, фæлæ сын дзы ницы рауади. Фæныкгуыз дæр уыцы рæстæджы уым фæци, йæ басмахъ базыдта æмæ хъазгæйæ сдзырдта: — Æри-ма, æз дæр æй бафæлварон, чи зоны мæ къахы аккагразына. Йæ хотæ худæгæй амардысты æмæ дзы рай- дыдтой хынджылæг кæнын. Фæлæ басмахъ чи барста чызджыты къæхтыл, уый бакасти Фæныкгуызмæ æмæ рæсугъд куы уыди, уæдзагъта: — Мæнмæ дзырдис, наддзахады чызгæй чи*ис, уыдон сеппæтыл дæр басмахъ куыд фенон. Фæ- ныкгуызы сбадын кодта æмæ йыл райдыдта бас.махъ барын. Басмахъ уæгъдæй ссыди йæ къа- хыл, цыма уый къахыл хуыд уыди. Хотæ уый куы федтой.уæд дисæй амардысты. 40
Уæлдай дис та фæкодтой, Фæныкгуыз дыккаг басмахъ йæ дзыппæй куы систа, æмæ йæ йе’ннæ къахыл куы скодта, уæд. Уыцы сахат уым февзæрди хингæнæг ус. Йæ лæдзæгæй чысыл аныдзæвд Фæныкгуызы дарæсыл æмæ та фæстæмæ уыцы хæрз арæзтæй агæпп ласта. Уæддыууæ хойы бамбæрстой, хъазты цы рæ- сугъд^чызгуыди, уый Фæныкгуыз кæй разынди, уый. Йæ разы зоныгуыл æрхаудтой æмæ йын рай- дыдтой лæгъстæ кæнын, æвзæрдзинадæй йын цы ракодтой, уыдон сын куыд ныххатыр кæна. Фæ- ныкгуыз сæ сыстын кодта, ныхъæбыстæ сын кодта æмæ сын загъта, ха’тыр уын кæнын уæ алцы хъуыддаг дæр, фæлæ уæ курын амæй фæстæмæ мæ куыд уарзат, афтæ. Фæныкгуызы йæ рæсугъд дарæсты аластой паддзахы галуанмæ. Паддзахы фырт æй куы федта, уæд æм фыццагæй ныр рæсугъддæр фæкасти æмæ йæ цалдæр боны фæстæ ракуырдта. Фæныкгуыз рæс^гъд куыд уыди, афтæ уыди хæларзæрдæ дæр. Йæ дыууæ хойы йæхимæ ба- кодта æмæ сæ моймæ радта дыууæ хъæздыг лæгæн.
ФЫНÆЙГОНД РÆСУГЪД. Цардысты æмæ уыдысты паддзах æмæ йæ ус. Зæнæг сын нæ уыди æмæ ууыл тынг хъынцъым кодтой. Фæстагмæ паддзахы усæн райгуырди чызг. Ног гуырды тыххæй паддзах хорз куывд скод- та. Куыедмæ æрбахуыдтой, паддзахады иыдæрид- дæр зинæй разындис, уыдонæн сеппæты дæр. Разындис дзы æрмæст авд зины. Алы зин дæр хъуамæ паддзахы чызгæн исты хорздзинад ралæвар кодтаид. Уыцы рæстæджы æгъдау афтæ уыдис. Изæры паддзахы галуаны уыдис стыр куывд. Зинтæй алкæй раз дæр фынгыл æрæвæрдтой сыз- гъæрин къоппы мидæг: уидыг, вилкæ æмæ кард сыгъдæг сызгъæринæй, налхъуыт-налмасæй æрт- тывтой, ахæмтæ. Хуынд адæмæй алчидæр йæ бынаты куыддæр сбадти, афтæ ма фæзынди иу æнæхуынд уазæг. Уый уыдис зæронд зин, йæ галуаны фæндзай азы 44
дæргъы æттæмæ æнæ ракæсгæ чи фæбадти, ахæм. Уый куывдмæ хуынд нæ уыди, уымæн æмæ æн- хъæлдтой, зæгъгæ раджы амарди. Паддзах дзырд радта, зæронд усы раз дæр сыз- гъæрин кард, вилкæ æмæ уидыг сызгъæрин къоп- пы мидæг куыд æрæвæрой, афтæ. Фæлæ уый фа- дат нæ уыди, уымæн æмæ уидгуытæ, кæрдтæ æмæ вилкæтæ саразын кодтой æрмæст авд зинæн. Зæронд зинæн хъыг уыдис уый, æмæ йæхи нымæр куыддæр бартхъирæн кодта. Йæ фарсмæ цы æрыгон зин бадти, уый катайы бацыдис, ацы зæронд мацы хин скæнæд паддзахы ног гуырд чызгæн, зæгъгæ. Куывды адæм куы сыстады- сты, уæд уыцы æрыгон зин дуар æмбæрзæны фæстæ амбæхсти, цæмæй йæ лæвар æппæты фæстæ зæгъа, мийаг зæронд зин исты хин куы сараза паддзахы чызгæн, уæд ын цæмай истæмæй баххуыс кæна, уый тыххæй. Уалынмæ зинтæ райдыдтой дзурын паддзахы чызгæн сæ лæвæрттæ. Æппæты кæсдæр зин лæ- варæн загъта—паддзахы чызг адæмæн сеппæтæй рæсугъддæр уыдзæни; дыккаг загъта—паддзахы чызг тынг зæрдæхæлар уыдзæни; æртыккаг загъ- та—къухæй дæсны уыдзæни; цыппæрæм загъта— адæм ыл дис кæндзысты, ахæм кафаг уыдзæни; фæндзæм загъта—булæмаргъау зараг уыдзæни; æхсæзæм загъта—фæндырæй цæгъдынмæ тынг дæсны уыдзæни. Зæронд зины рад æрзылди. Ралæууыд размæ, йæ сæр фыр мæстæй тилы æмæ дзуры: паддзахы 45
чызг йæ къух æлхуыйæ фæрæхойдзæни æмæ уымæй амæлдзæни. Адæм ахæм æбуалгъ хабар куы фехъуыстой, уæд фæйнæрдыгæй джихæй аззадысты, бирæтæ та сæ цæсты сыг нæ баурæдтой æмæ скуыдтой. Фæлæ дуарæмбæрзæны фæстæ цы зин бамбæх- сти, уый рахызти, æмæ загъта: — Паддзах æмæ паддзахы ус, тæрсгæ ма кæ- нут, уæ чызг мæлгæ нæ акæндзæн! Раст зæгъын хъæуы, хисдæры фæндон бынтон аивын мæ бон нæу. Уæ чызг йæ къух æлхуыйæ æцæг фæрæхойдзæн. Фæлæ уын зæгъын, мæлгæ нæ акæндзæн, фæлæ тарф фынæй бауыдзæн. Уыцы фынæй ахæсдзæн сæдæ азы. Сæдæ азы фæстæ фæзындзæни сахъгуырд—паддзахы фырт æмæ йæ уый райхъал кæндзæни. Зæронд зины фæндон цæмæй не ’рцæуа æмæ паддзахы чызг æнамонд хабарæй хызт уа, уый тыххæй паддзах дзырд радта, уыцы бонæй фæс- тæмæ æлхуыйæ куыд ничи уал æлвиса, афтæ. Рацыдис æхсæрдæс азы. Иу бон паддзах йæ усимæ араст сты горæты æтте сын цы фидар уыди, уырдæм, Паддзахы чызг уæттыл зилгæйæ куыддæр æгъдауæй сæфтыди мæсыджы сæр иу чысыл уатмæ. Бадтис дзы цавæрдæр зæронд ус иунæгæй æмæ æлхуыйæ цыдæр æлвыста. Æвæц- цæгæн, æлхуыйæ æлвисыны тыххæй паддзах цы дзырд радта, уый уымæ нæ бахæццæ. — Уый та цы ми кæныс, нана? — афарста зæ- ронд усы паддзахы чызг. 46
— Æлвисын, мæ хъæбул,—дзуапп ын радта зæронд ус, паддзахы чызг у, уый нæ базыдта, афтæмæй. — Цы дзæбæх у, цы!—цингæнгæ загъта пад- дзахы чызг.—Æмæ куыд æлвисыс? Æри-ма, æз дæр æй бафæлварон. Чызг æлхуый куыддæр йæ къухмæ райста æмæ йæ аздыхта, афтæ æлхуыйы цыргъ йæ къу- хы бауад æмæ чызг йæ мидбынаты æрхаудта. Зæронд ус фæтарсти æмæ фæдис ныхъæр кодта. Паддзахы лæккадгæнджытæ фæйнæрдыгæй æрбазгъордтой. Чызджы цæсгомыл дон калдтой, йе’гънæджытæ йын суагътой, йæ къухтæ йын æу- уæрстой, йæ къæмисæнтæ йын дзымарийæ сæр- стой, фæлæ йын уыдæттæй ницы уал баххуыс кодтой. Уæд паддзахы зæрдыл æрлæууыдысты дыууæ зины ныхæстæ. Йæ чызджы сæвæрын кодта сызгъæринæй астæрд сынтæгыл æмæ йæ бахæс- сын кодта йæ галуаны хуыздæр цы уат уыди, уырдæм. Паддзахы чызг цæстæй нал касти, фæлæ йæ сабыр улæфтмæ гæсгæ бæрæг уыдис, мард кæй нæу, уый. Чызг кæд тарф фынæй уыди, уæддæр йæ хуыз нæ аивта:йæ рустæ сырхфарс фæткъуы- йау, йæ былтæ дæр уыцы рæсугъд уыдысты. Паддзах дзырд радта, йæ чызг цалынмæ йæхæ- дæг райхъал уа, уæдмæ йæм куыд ничи цæуа æмæ йæ куыд ничи хъыгдара, афтæ. Уыцы æнамонд хабар куы æрцыди, уæд хæрз- мæ аудæг зин, паддзахы чызджы мæлæтæй чи 47
фервæзын кодта, уый цардис дард зинты бæсты. Фæлæ хабар уайтагъддæр бамбæрста, æмæ цæсты фæныкъуылдмæ паддзахы галуаны æрбалæууыди артынуæрдоны, залиаг кæлмытæ дзы ифтыгъд, афтæмæй. Паддзах æй куы ауыдта, уæд йæ раз- мæ рауади æмæ йæ уæрдонæй раргъæвта. Зин, паддзахы чызг æвæрд кæм уыди, уыцы уатмæ бацыди, бакасти фынæй чызгмæ æмæ ахъуы- ды кодта: „сæдæ азы фæстæ куы райхъал уа, уæдиунæгæйцы кæндзæни ацы зæронд фидары?". Уæд зин бавдæлд æмæ паддзахы галуаны пад- дзах æмæ йæ усæй фæстæмæ цыдæриддæр адæм уыди: фæсдзæуинæй, æххуырстæй, лæккадгæнæ- гæй, хъахъæнæгæй, дуаргæсæй æмæ æндæрæй, сеппæтыл дæр аныдзæвын кодта йæ хины лæдзæг. Аныдзæвд йæ лæдзæгæй бæхтыл, бæхтæм зилджы- тыл, куыйтыл дæр, суанг ма паддзахы чызгæн йæ чысыл къæбыла Пуфикыл дæр, уый та хуыссыди паддзахы чызгæн йæ сынтæджы раз. Хины лæдзæг-иу кæуыл аныдзæвд, уый-иу уайтагъд бафынæй. Уый афтæ уымæн бакодта, цæмæй уыдон дæр паддзахы чызгимæ иумæ рай- хъал уой æмæ йын лæккад кæной. Суангма зынг- тыл физонæг кодтой хуыргæрчытæ æмæ æндæр алы мæргътæ уæхстытыл кондæй æмæ уыдон дæр, стæй зынгтæ дæр баззадысты, куыд уыды- сты, афтæмæй. Зин уыцы хъуыддæгтæ иууылдæр бакодта цæсты фæныкъуылдмæ. Паддзах æмæ йæ ус сæ фынæйгонд чызгæн аба кодтой æмæ рацыдысты фидарæй. Паддзах 48
радта дзырд, цæмæй фидармæ æввахс дæр мачи уал цæуа. Уæвгæ ахæм дзырд раттын хъæугæ дæр ницæмæн кодта, уымæн æмæ фидары алы- фарс минутмæ уый бæрц бæлæстæ, уый бæрц сындз æмæ дзедыры къутæртæ æрзади, æмæ фидармæ адæймаг æмæ сырд бацæуæн нæ, фæ- лæ йæм маргъ батæхæн дæр нал уыди. Бæлæсты аууонæй ма зындысты мæсгуытæн æрмæст сæ цъуппытæ, уый дæр дардæй бакæсгæйæ. Уый аф- тæ сарæзта хæрзмæ аудæг зин, цæмæй паддзахы чызджы фынæй кæнын мачи хъыгдара. Афтæ рацыди сæдæ азы. Иу ахæмы сæ сыхаг паддзахы фырт цуан кодта уыцы мæсгуытæм хæ- стæг рæтты. Йемæ цуаны чи уыди, уыдоны фæр- сы, уæртæ уыцы тар хъæды æтте та цавæр мæс- гуытæ зыны, зæгъгæ. Адæмæй йын алчи дæр дзырдта, мæсгуыты тых- хæй сæ чи цы фехъуыста, уый. Иутæдзырдтой— уый зæронд фидар у æмæ дзы адæмы хуызы цы- дæртæ рацæуы; иннæтæ та дзырдтой—ацы зыл- дæй уырдæм æрæмбырд вæййынц дæлимонтæ. Аннæтæ та йын дзырдтой—уым цæры лæгхор æмæ йæхимæ хæстæг никæй уадзы, зæгъгæ. Паддзахы фырт нал зыдта, кæмæ сæ хъуса, уый. Уыцы рæстæджы йæ размæ балæууыди иу зæронд лæг æмæ йын загъта: — Де стырдзинад, фæндзай азы размæ фехъуы- стон мæ фыдæй, уыцы фидары, дам, фынæй кæны паддзахы чызг, бæстыл уымæй рæсугъддæр нæй, ахæм. Хъуамæ дзы фæфынæй кæна сæдæ азы. 51
Æмæ, дам, æй хъуамæ райхъал кæна паддзахЫ фырт, усагæн нысангонд кæмæн у, уый. Паддзахы фырт уыцы хабар куыддæр фехъуы- ста, афтæ бауынаффæ кодта, цыфæндыйæ дæр, фидармæ бацæуын æмæ йын йæ сусæгдзинад базонын. Паддзахы фырт куыддæр хъæды кæронмæ бахæццæ, афтæ уыцы тар хъæды бæлæстæ, сындз къутæртæ фæйнæрдæм алæууыдысты æмæ йын фæндаг радтой фидармæ. Бæлæсты фале зындис фидар; уырдæм батындзыдта паддзахы фырт. Йе- мæ цы адæм уыди, уыдонæй йæ бон никæмæн баци йæ фæдыл ацæуын. Паддзахы фырт куыд- дæр хъæдæй ахызт, афтæ та бæлæстæ дæр фæ- стæмæ æрбангом сты. Паддзахы фырт стыр дис кодта, фæлæ тæрсгæ нæ фæкодта, размæ æдæрс- 4*æ цыди. Уалынмæ бахызти фидары кæртмæ. Кæрты алырдæм куы акасти, уæд фыр дисæй йе уæнгтæ ныддыз-дыз кодтой. Мæрдты бæстау сабыр. Алы ран дæргъытæй лæууыдысты адæм æмæ фос, цыма мæрдтæ уыдысты, уыйау. Фæлæ паддзахы фырт дуаргæстæн сæ цæсгæмттæм куы бакасти æмæ иууылдæр сырхуадултæ куы уыдысты, уæд уайтагъддæр бамбæрста, уыдон фынæй кæй сты, уый. Сæ къухты цы нуазæнтæ уыди, уыдон бын ма цы сæны цъырттытæ баззади, уыдонмæ гæсгæ бæрæг уыди, хуыссæг сæ минас гæнгæйæ кæй æрæййæфта. Паддзахы фырт бацыди стыр кæртыл, йæ бын »
мрамор-дурæй астæрд. Асинтыл уæлæмæ ссыди æмæ бахызти тыргътæм. Уым рæнхъæй лæууыдысты хъахъæнджытæ æд топпытæ æмæ сæ хуырхуы- рæй бæстæ хастой. Арасти дарддæр, уæттæй кæуылты цыди, уым алы ран дæр уыдта фынæй адæмы. Фæстагмæ бахæццæ паддзахы чызг цы уаты æвæрд уыди, уырдæм. Уыцы ран паддзахы фырт ауыдта, йæ цæрæнбонты кæй никуы федта, ахæм диссаг. Хæрз аив, хæрз^ æфснайд сынтæгыл хуыссыди паддзахы чызг. Йæ бакастмæ гæсгæ йыл æхсæрдæс азæй фылдæр нæ цыдаид. Рæсугъ- дæй та афтæ рæсугъд уыди, æмæ йæм цæстытæ нæ лæууыдысты. Паддзахы фырт тæрсгæ-ризгæ сынтæгмæ хæс- тæг балæууыди æмæ йæ зонгуытыл æрлæууыд. Уыцы минут хинтæ цыдæр фесты, паддзахы чызг райхъал, уарзон каст бакодта паддзахы фыртмæ æмæ йæм сдзырдта: — Уый ды дæ, паддзахы фырт? Бирæ æнхъæл- мæ кæсын дæм бахъуыди! Ахæм уарзон ныхæстæ фехъусгæйæ ма фыр цинæй цы акодтаид, уымæн ницыуал зыдта паддзахы фырт. Уайтагъддæр чызгæн райдыдта ныхæстæ кæнын. Дзырдта йын, йæхи удæй йæ фылдæр кæй уарзы, уый. Паддзахы чызгимæ иумæ райхъал сты, фидары цы адæм фынæй кодта, уыдон сеппæт дæр: æх- хуырстæй, хъахъæнæгæй, хæринаггæнæгæй, дуар- гæсæй, бæхтæмзилæгæй æндæрæй — алчи дæр дзы бавнæлдта йæ куыстмæ. Паддзахы фырт чызджы сыстын кодта хуыс- 53
сæнæй. Чызджы уæлæ уыди зынаргъ дарæс, хорз дарæс. Æцæг уыдысты раджы заманы, сæдæ азы размæ кæй дардтой, ахæм дарæс. Фæлæ уымæй йæ рæсугъддзинад къаддæр нæ кодта. Паддзахы фырт æмæ паддзахы чызг ацыды- сты уазæгдонмæ æмæ сбадтысты æхсæвæр хæры- ныл. Лæккадгæнджытæ уайтагъд æрбахастой алы хæринаг, алы нозт. Фæндырæй цæгъдджытæ та алы рæсугъд цæгъдтытæ кодтой æмæ дыууæ уарзоны хъæлдзæг дардтой. Æхсæвæр куы ахицæн, уæд паддзахы фырт æмæ чызг саргъуыдтой æмæ йæ паддзахы фырт йæхимæ аласта.
3 И Н. Иу идæдз усæн уыди дыууæ чызджы. Хисдæр чызг уыди йæ мады хуызæн цæсгомæй дæр æмæ уагæй дæр — фыдуаг æмæ æнæцæстуарзон. Кæсдæр чызгта йæ фыды хуызæн: хæларзæр- дæ, уымæй рæсугъд. Мад хисдæр чызджы тынгдæр уарзта, йæхи хуызæн кæй уыди, уый тыххæй. Кæсдæр чызджы та уарзгæ нæ кодта. Хæдзары куыстытæ иууыл- дæр баргъæвта уый æккой, хæринаг ын хаста тыргътæм, хæдзармæ йæ нæ уагъта. Иннæ куыстытæй уæлдай ма кæсдæр чызгæн хæссын кодта дардæй дон, бон дыууæ хатты стыр дурыны мидæг. Иу хатт кæсдæр чызг донмæ ацыди. Суадоны донæй цалынмæ дурын дзаг кодта, уæдмæ йæ цуры æрбалæууыди иу зæронд мæгуыр ус. Æмæ йæм дзуры:—дон ма мын аназын кæн, хорз чызг. — Табуафси, мæ мады хай, —дзуапп ын радта рæсугъд чызг. 55
о Иæхæдæг тагъдгомау дурын ранхъæвзта, суа- донæй дзы дон фелвæста æмæ йæ балæвæрдта зæронд усмæ. Дурыныл дæр ма йын хæцыди, зæ- ронд усæн æнцондæр нуазæн куыд уыдаид, афтæ. Зæронд ус дон куы банызта, уæд загъта чызгæн: — Ды ахæм зæрдæхæлар, ахæм уæздан дæ, æмæ дыи мæ зæрды лæвар ракæнын ис. (Уый та уыди зин, æмæ чызджы бафæлварыны тыххæй йæхи зæронд мæгуыр усы хуызы рав- дыста). ; — Мæ зæрцыдын ахæм лæвар ракæнын ис» — дзуры зин:—цал ныхасы кæнай, уал хатты дæ дзыхæй хаудзæни дидинæг, кæннод та хæзна-. дуртæ. Чызг сæхимæ куы ’рбацыди, уæд æм йæ мад тынг хæцыди, æрæгмæ кæй цыди, уый тыххæй. — Ныббар мын, нана, — загъта чызг, мæ- гуыр, — кæй афæстиат дæн, уый. Уыцы ныхæстæ кæнгæйæ йæ дзыхæй схаудта дыууæ рæсугъд дидинæджы æмæ дыууæ стыр налхъуыт-налмасы. — Мæнæ диссаг! — дисæй марди мад. — Дæ дзыхæй налхъуыт-налмастæ куы хауы! Уый та ць^ диссаг у, мæ чызг. Уæды онг æй йæ чызг никуы схуыдта. Чызг сыгъдæг зæрдæйæ радзырдта, хъуыддаг куыд уыди, уый. Уымæй алы ныхасæн йæ дзы- хæй дидинджытæ æмæ налхъуыт-налмастæ бирæ калдта. 5$
— Афтæ у, уæдæ, хъуыддаг! — загъта мад.— Уырдæм уæд арвитын хъæуы мæ хисдæр чызджы... Фаншон, рауай-ма фен, дæ хо ныхас куы кæны, уæд йæ дзыхæй цытæ хауы, уый! Ды дæр афтæ куы уаис, уый дæ нæ фæнды?Уый зын бакæнæн нæу. Бацу суадонмæ æмæ дæ мæгуыр зæронд ус дон нуазынæн куы ракура, уæд ын уæздан æгъда- уæй авæр дон. — Æндæр мæ цы хъуыддаг ис, — загъта тызмæгæй чызг, — ныр та суадонмæ цæуон донмæ! — Æз дын афтæ зæгъын, цæугæ ныртæккæ!— схъæртæ йыл кодта йæ мад. Хисдæр чызг бирæ фæхъуырхъуыр кодта, стæй уæддæр арасти донмæ. Сæ хæдзары æвзист дурынтæй рæсугъддæр кæцы уыди, уый йемæ ахаста. Куыддæр суадонмæ бахæццæ, афтæ йæм хъæ- дæй рацыди хæрз аив арæзт сылгоймаг, æмæ дзы ракуырдта дон нуазынæн. Уый та уыди кæсдæр хомæ цы зин рацыди, уый. Фæлæ ацы хатт йæхи равдыста хорз дарæсы мидæг, цæмæй сбæрæг кодтаид чызджы хъалдзинад цæй бæрц у, уый. — Æз ардæм уый тыххæй не ’рбацыдтæн, æмæ дæ хуызæттæн дон дæттон!—схъæл ны- хасæй загъта чызг. — Ацы æвзист дурын дæр уый тыххæй куы рахастон, æмæ дзы дæ хуызæт- тæн дон дарон!.. Цæй уæд та фæуæд, баназ, кæд дæ афтæ фæнды, уæд. — Куыд уынын, афтæмæй иттæг уæздæттæй нæ дæ,—загъта зин, мæсты не сси, афтæмæй. — 50
Фæуæд афтæ дæр! Цы дын æмбæлы, уыцы лæвар ракæнын дæуæн дæр мæ бон у: цал ныхасы кæ- най, уал хатты-иу дæ дзыхæй сбырæд калм, кæн- нод та дзы сгæпп кæнæд хæфс. — Гъы, цы фæдæ, мæ чызг? — афарста йæ мад, йæ чызджы куы ауыдта, уæд. — Æмæ дæ цы хъæуы, нана?—дзуапп ын радта чызг. Уыцы ныхæстæ кæнгæйæ йæ дзы- хæй сбырыдис дыууæ сау калмы æмæ дыууæ хæфсы. — Мæнæ мыл цы æрцыдис!..—сæрдиаг кодта мад. — Уый иууылдæр дæ хойы аххос у — æз ын бацамондзынæн! —Æмæ кæсдæр чызгмæ нæ- мынмæ фæци. Чызг, мæгуыр, алыгъди æмæ хъæды кæмдæр бамбæхсти. Уым ыл æрбамбæлдис паддзахы фырт, цуанæй раздæхти, афтæмæй. Чызджы рæсугъддзинадыл дис кодта паддзахы фырт. Бафарста йæ — ам зыбыты иунæгæй цы ми кæныс, стæй цæуыл кæуыс, зæгъгæ. — Эх, æлдар, мæ мад мæ нæ хæдзарæй ра- тардта! Уыиы ныхæстæ кæнгæйæ, паддзахы фырт ба- фиппайдта чызджы дзыхæй кæй схаудта цыппар налхъуыт-налмасы. Æмæ ракуырдта чызгæй, уый цы хабар у, уый йын куыд радзура, афтæ. Чызг ын сæ иууылдæр радзырдта. Чызг пад- дзахы фырты зæрдæмæ тынг фæцыдис. Акод- та йæ сæхимæ æмæ йæ йæхицæн усæн ра- куырдта. 60
Хисдæр хо та афтæ нывзæртæ, æмæ æппЫй- дæр никæй уал зæрдæмæ цыди, йæ мад та йæ сæ хæдзарæй фæсырдта. Йæхимæ дæр æй ничи- уал уагъта. Афтæмæй дзæвгар фæхатти, стæй хъæды кæмдæр ныммарди.
ЦЫРЫХЪДЖЫН ГÆДЫ. Иу куыройгæс йе’ртæ фыртæн бынтæн ныу- уагъта æрмæст дæр куырой, хæрæг æмæ Гæды. Æфсымæртæн уыдон цас байуаринаг уыдысты. Уайтагъддæр сæ айуæрстой: хисдæр æфсымæрмæ æрхаудта куырой, астæуккаг æфсымæрмæ — хæ- рæг, кæсдæр æфсымæрæн та радтой Гæды. Ахæм ницæйаг хай йæм кæй æрхаудта, ууыл тынг хъынцъым кодта кæсдæр æфсымæр. — Ме ’фсымæртæ иумæ куы цæрой, уæд сæ- хицæн къæбæры фаг кусынхъом уыдзысты. Æз та мæ Гæдыйы бахæрдзынæн, йæ цармæй йын æрмкъухтæ скæндзынæн, уый фæстæ, æвæццæгæн, сыдæй амæлдзынæн, — зæгъгæ дзырдта кæсдæр æфсымæр. Гæды хъуыста уыцы ныхæстæм, фæлæ йæхи æндæрхуызон нæ фæкодта. — Тыхсгæ ма кæн, мæ хицау, — æмбаргæ адæймаджы ныхас скодта Гæды. — Æрмæст мын голлаг æмæ дыууæ цырыхъы ратт, пыхсыты 62
цæуынæн мын æнцондæр цæмæй уа, уый тыххæй. Æмæ уæд фендзынæ, ды куыд æнхъæл дæ, де ’фсымæртæ дæ афтæ кæй нæ бафхæрдтой, уый. Лæг тынг нæ баууæндыди Гæдыйы ныхæстыл, фæлæ уæддæр ахъуыды кодта: „Гæды мын, чй зоны, æцæг мæ тыхстæн баххуыс кæна". Уый бирæ хæттыты фæфиппайдта, Гæды мыстытæ æмæ уырытæ куыд хинæй ахсы, уый. Гæды, цы куырдта, уыдон куы райста, уæд уайтагъд цырыхъытæ йæ къæхтыл акодта, голлаг йе’ккой баппæрста, йæ комыл ын йæ раззаг къæх- тæй ныххæцыд æмæ арасти пыхсмæ. Уым та арæх уыди тæрхъустæ. Голладжы ныккодта цъата, нывæрдта дзы къа- бускатæ. Пыхсмæ куы бацыд, уæд бавдæлд æмæ зæххыл схуыссыди дæргъæй, цыма мард уыди, уыйау. Æнхъæлмæ кæсы, кæд тæрхъустæй исчи къабускамæ æрбацæуид æмæ голлагмæ бабырид. Æмæ хъуыддаг æцæгдæр афтæ рауад. Гæды куыддæр æрхуыссыд, афтæ дын иу лæппын æдылы тæрхъус голлагмæ бабырыд. Гæды фæгæпп кодта æмæ голладжы ком абаста. Тæрхъус голладжы баззад. Йæ амæттагæй райгонд уæвгæйæ, Гæды ара- сти паддзахы галуанмæ. Уым дуаргæстæн загьта, паддзахæн куыд бамбарын кæной Гæдыйы æрба- цыды хабар. Гæдыйы бакодтой паддзахмæ. Паддзахæн йæ сæрæй ныллæг акуывта æмæ йын загъта: — Нæ паддзах! Маркиз Карабас дын (ахæм 68
ном æрхъуыды кодта Гæды йæ хицауæн) æрбар- выста мæнæ ацы тæрхъус лæварæн. —- Зæгъ дæ -хицауæн, стыр бузныг дзы кæй дæн йæ уæздандзинадæй, — загъта паддзах. Дыккаг хатт дæр та Гæды афтæ бамбæхсти мæ- нæуы хуымы астæу æмæ йæ голлаг цæттæйæ дары. Голладжы дыууæ хуыргарчы куы ныббырыди, уæд та Гæды дæр голладжы ком абаста æмæ дыууæ хуыргарчы дæр æрцахста. Гæды та паддзахмæ арасти æмæ та йын хуыр- гæрчытæ балæвар кодта. Паддзах дæр та зæр- диагæй райста хуыргæрчыты, йе’ххуырстытæн бафæдзæхста Гæдыйы хорз цæмæй феной, уый тыххæй. Афтæ цалдæр хатты бахаста паддзахæн алы мæргътæ Гæды, цыма йын сæ йæ хицау æрвыста, уый хуызæн. Иу хатт дын Гæды куыддæр æгъдауæй ба- зыдта, паддзах йæ чызгимæ кæдæмдæр кæй цæу- дзæни, уый. Чызджы рæсугъдæн та бæстыл æм- бал нæ уыди. Цæугæ та хъуамæ акодтаиккой доны былтыл. — Мæ коммæ кæд бакæсай,—загъта Гæды йæ хицауæн, — уæд дæ цæргæ-цæрæнбонты амонд- джын уыдзынæ. Уый тыххæй ды хъуамæ абон дæхи æрмæст доны цынайай, æз дын кæм баца- монон, уым. Дарддæры хъуыддаг мæхи бар уадз. Лæг, кæд Гæды цы æрæмысыди, уый нæ бам- бæрста, уæддæр йæ коммæ бакаст æмæ арасти донмæ йæхи найынмæ. и
Йæхи куы надта, уæд уыцы рæстæджы донмæ хæстæг рацæйцыдис паддзах. Гæды уый куы федта, уæд йæ тых йæ бонæй райдыдта хъæр кæнын: — Фæдис! Фæдис! Маркиз Карабасы дон фæласы! Паддзахмæ фехъуысти фæдисы хъæр æмæ къаретæй æттæмæ ракасти. Уайтагъддæр базыдта, мæргътæ йын чи хаста, уыцы Гæдыйы. Дзырд радта йе’ххуырстытæн, цæмæй маркиз Карабасы фервæзын кæной. Цалынмæ маркиз Карабасы донæй ластой, уæдмæ Гæды базгъордта къареты цурмæ æмæ радзырдта паддзахæн, найгæ найын маркизæн йæ гæрстæ къæрныхтæ кæй адавтой, уый. Афтæмæй та йын Гæды йæхæдæг бамбæхста йæ дзаумæттæ стыр дуры бын. Ахæм æнамонд хабар куы фехъуыста паддзах, уæд йæ лæккадгæнджытæн загъта — ацæут æмæ Карабасæн рахæссут, хуыздæр цы дзаумæттæ ис, уыдон. Паддзахы зæрдæмæ маркиз тынг фæцыдис. Зæрдиагæй ныхас кæнын райдыдта йемæ. Йæ фарсмæ йæ сбадын кодта къареты æмæ йæ йемæ аласта. Паддзахы чызджы зæрдæмæ дæр тынг фæцы- дис маркиз. Уымæн, æмæ рæсугъд, хæрзконд, гуырвидауц уыди, уæлдайдæр та паддзахы да- рæстæ куы скодта, уæд. Цалдæр касты бакодта маркиз паддзахы чызгмæ, фыццаг каст ын уыди 67
паддзахы чызг кæй уыдис, уый æгъдауыл, дык- каг каст —уарзондзинады æгъдауыл. Уый фæстæ чызджы зæрдæйы дæр сæвзæрд маркизмæ уар- зондзинад. Иæ хъуыддæгтæ, куыд уынаффæ кодта, афтæ кæй цæуынц, ууыл цин кодта Гæды, æмæ фыр цинæй азгъордта къареты разæй. Фæндагыл уыгæрдæны ауыдта хосгæрдджыты, бауад сæм æмæ сын загъта: — Хорз адæм, ныртæккæ паддзах ауылты æрбацæудзæни, æмæ уæ фæрсдзæни, ацы уыгæр- дæн кæй у, зæгъгæ, æмæ йын куы нæ зæгъат маркиз Карабасы, зæгъгæ, уæд уæ лыстæг скæрд- дзысты лывзæйау. Паддзах хосгæрдджытæм куы бахæццæ, уæд сæ æцæг афарста—кæм кæрдут, уыцы уыгæрдæн кæй у! — Маркиз Карабасы1 — æмхуызонæй дзуапп радтой хосгæрдджытæ. Уымæн æмæ сæ Гæды стæрсын кодта мæлæтæй. — Стыр хорз уыгæрдæн дын ис! — зæгъгæ, загъта паддзах маркиз Карабасæн. -т- Хорз у, — загъта маркиз, — ацы уыгæр- дæны алы аз дæр бирæ хос ныккæрдæн ис. Уæдмæ та Гæды бахæццæ хуымгæрдджытæм æмæ сын дзуры: — Хорз адæм, ныртæккæ паддзах æрбæцæу- дзæн, æмæ йын куы нæ зæгъат, ацы хуымтæ иууылдæр маркиз Карабасы сты, зæгъгæ, уæд уеппæты дæр лыстæг скæрддзысты лывзæйау! 68
Паддзах æрбахæццæ хуымгæрдджытæм æмæ йæ бафæндыд, хуымтæ кæй сты, уый базонын æмæ сæ афарста. — Маркиз Карабасы!—загътой хуымгæрд- джытæ. Паддзах дæр та раппæлыд маркизы хуымтæй. Гæды згъордта размæ æмæ йыл чидæриддæр æмбæлдис, уыдонæн сеппæтæн дæр уыцы иу дзуапп дæттын кодта. Паддзах стыр дис кодта маркиз Карабасы хъæздыгдзинадыл. Фæстагмæ Гæды бахæццæ иттæг рæсугъд галуанмæ. Йæ хицау та уыди лæгхор. Паддзах цы зæххытæ федта æмæ цы быдыртæй раппæ- лыди, уыдон дæр уыдысты уыцы лæгхоры. Гæды фидары хицау феныны бар ракуырдта, цæмæй йæм бацæуа æмæ йын салам зæгъа. Гæды- йæн мидæмæ бацæуыны бар радтой. Лæгхор ын уæздандзинадæй æгас цу загъта. — Æз афтæ фехъуыстон, — загъта Гæды, — цыма дæуæн дæ бон у алы хъæддаг сырд фестын дæр. Ныртæккæ дæ бон бауид домбай, кæнæ пыл фестын. — Уый раст у, — дзуапп радта Лæгхор, — уыцы хъуыддаг дæ цæмæй бауырна, уый тыххæй дæ цæстыты раз æз фестдзынæн домбай. Гæды куыддæр домбайы ауыдта, афтæ цармæ трубайыл сгæпп кодта, афтæ тынг дзы фæтарсти. Раст зæгъын хъæуы, цармæ цырыхъыты сбырын афтæ æнцон нæ уыди. Уый фæстæ та Лæгхор фæстæмæ йæ фыццаг 69
хуыз райста. Гæды дæр фæстæмæ царæй æрхыз- ти, æмæ басасти, тынг кæй фæтарсти, ууыл. — Æз ма фехъуыстон, — зæгъы Гæды, — цыма дæуæн дæ бон у хæрз чысыл исты сырд фестын, зæгъæм мыст, кæнæ уыры. Фæлæ уый мæн ницы хуызы уырны. Раст куы зæгъæм, уæд уый зын бакæнæн у. —Зын бакæнæн, зæгъыс? — сдзырдта Лæг- хор. — Ныртæккæ йæ фендзынæ, уæдæ. Лæгхор уайтагъд мыст фестади æмæ уаты къуымты згъорынмæ фæци. Гæды куыддæр мысты ауыдта, афтæ йыл йæхи ныццавта æмæ йæ ахордта. Уалынмæ паддзах дæр æрбахæццæ Лæгхоры галуанмæ æмæ йæ бафæндыд йæ фенын. Гæды куыддæр фехъуыста къареты цæлхыты хъæр, афтæ разгъордта йæ размæ æмæ паддзахмæ дзуры: — Мидæмæ рацу, де стырдзинад, мидæмæ, маркиз Карабасы галуанмæ! — Маркиз, ацы галуан дæр дæу у? — дис- гæнгæ афарста паддзах.—Мæнæн дæр куынæ ис ахæм хорз галуан!Табуафси,мидæмæ йæм бацæуæм. Маркиз паддзахы чызджы къухыл хæцгæйæ, иумæ араст сты асинтыл паддзахы фæдыл. Ми- дæмæ стыр уатмæ бахызтысты. Мидæгæй уыдис даргъ фынгтæ æвæрд алы хæрд, алы минасæй сæ тæккæ дзаг уыдысты, афтæмæй. Лæгхор уыцы бон йæхи хуызон лæгхор уазджытæ хуыдта, фæлæ куы базыдтой паддзах уым кæй ис, уый, уæд нал æрбауæндыдысты. 70
Паддзах иу цалдæр нуазæны сæн куы анызта, маркиз Карабасы кад æмæ хъæздыгдзинæдтæ куы федта, уæд загъта: — Маркиз, кæд дæуæн фæндон у, уæд дæ ме’сиахс скæнин! Маркизæн уыцы хабар æхсызгон куыд нæ уыдаид. Паддзахæн йæ сæрæй акуывта, уымæй йын бамбарын кодта йæ фæндондзинад. Æмæ уыцы бон ракуырдта паддзахы чызджы йæхицæн усæн. Уæдæй фæстæмæ Гæды дæр минасы бахаудта. Иуæй-иу хатт ма-йу йæ зæрдæйы дзæбæхæн мыстытыл ацуан кодта.
РИКЕ-КОЦОРА. Цардис æмæ уыдис паддзахы ус, райгуырди сын лæппу. Лæппу ахæм фыдуынд, ахæм фыд- конд уыди, æмæ йæм адæймаджы хуызæй æп- пын ницы уыдис. Фæлæ гуыргæйæ йæ цуры цы зин фæци, уый мадæн зæрдæ æвæрдта, зæгъгæ, лæппу тынг зонд- джын кæй уыдзæн, уымæ гæсгæ адæмы зæрдæмæ тынг цæудзæни. Зин ма сын ноджы зæрдæ æвæрд- та, паддзахы фырт фылдæр кæй бауарза, уымæн дæр зонд кæй бахай кæндзæни, уый. Паддзахы ус, мæгуыр, хъынцъым кодта ахæм фыдконд лæппу йын кæй райгуырдис, ууыл. Фæлæ зины ныхæстæй йæ зæрдæ чысыл фæлæу- уыд. Æцæгдæр афтæ рауади. Лæппу куыддæр чы- сылгай дзурын райдыдта, афтæ адæмæн тынг уарзон фæци — йæ зондджын ныхæстæй æмæ йæ митæй. Ферох мæ ис зæгъын, лæппу куы райгуырдис, 74
уæд ын коцора уыдис, уый тыххæй йæ фæкод- той Рике-Коцора. Рике-та йæ ном уыди. Авд æви аст азы фæстæ сæ сыхаг паддзахы усæн райгуырлис дыууæ чызджы. Чызджытæй раздæр чи райгуырд, уый уыдис тынг рæсугъд — боны рухсæй рæсугъддæр. Фæлæ Рике-Коцора гуыргæйæ йæ цуры цы зин уыди, уый паддзахы усæн загъта, дæ чызгмæ зондæй ницы уыдзæни, рæсугъд цас у, уый хыгъд та зондæй цух уыдзæни. Паддзахы ус тынг фенкъард ис. Уæлдай тынг- дæр та фенкъарди, йæ дыккаг чызг фыдуынд æмæ фыдконд кæй рауади, уымæй. — Тыхсгæ ма кæн, æхсин,— загъта йынзин, — дæ чызгæнуымаей æппындæр ницы уыдзæн: чызг ахæм зонды хицау уыдзæни, æмæ йын йæ фыдуынд, йæ фыдконд хъуыды дæр ничи кæндзæни. — Уый хуыцау куы раттид! — цингæнгæ загъта паддзахы ус. Фæлæ хисдæр чызг чысыл зонд- джындæр куыд уа, уымæн ницы гæнæн ис? — Зонды тыххæй дын ницы зæгъдзынæн,— загъта зин, — уымæн дын мæ бон ницы бауы- дзæн. Рæсугъддзинад — уый æндæр хъуыддаг у. Дæ чызгæн лæварæн мæ бон бауыдзæн, кæй бауарза, уый дæр тынг рæсугъд цæмæй уа, уый. Дыууæ чызджы рæзтысты, семæ рæзтысты иуæн йæ рæсугъддзинад. иннæмæн йæ зонд: адæмы æхсæн æндæр кой нал уыди — хисдæр чызджы рæсугъддзинад æмæ кæсдæр чызджы зонды тыххæй. Чызджытæ азæй-азмæ куыд стыр- 75
дæр кодтой, афтæ сæ хъуагдзинæдтæ дæр бæл- вырддæр кодтой: кæсдæр чызг, адæмы цæстыты раз фыдуынддæр кодта, хисдæр чызг та бонæй- бон æдылыдæр кодта. Истæмæй-иу æй куы бафарстой, уæд-иу кæнæ дзуапп нæ радта, кæн- нод та-иу æдылы ныхæстæ кодта. Уымæй æппын ницæмæ арæхсти. Уæларт-иу исты куы æвæрдта, аг кæнæ къус, уæд ын-иу æнæ асæттгæ нæ фæ- ци, дон-иу куы нуæзта, уæд-иу æй йæ уæлæ нык- калдта. Хисдæр чызгæн кæд йæ рæсугъддзинад бирæ ахады, уæддæр кæсдæр чызг алы ран дæр уæл- дæр уыди, фылдæр кад ын уыди, фылдæр æй нымадтой. Адæм фыццаг æмбырдтæ кодтой хисдæр чыз- гыл, кæсынæй йæм не’фсæстысты. Фæлæ-иу уай- тагъд аздæхтысты кæсдæр чызгмæ æмæ йын хъуыстой йæ зондджын ныхæстæм. Хисдæр чызджы цур-иу ничиуал фæлæууыд, уый хыгъд та кæсдæр чызгыл æмбырдтæ кодтой. Кæд цы фæнды æдылы уыди хисдæр чызг, уæддæр хорз æмбæрста йе’дылыдзинад, уымæ гæсгæ æвæсмонæй йæ рæсугъддзинад иууылдæр раттаид йæ хойы зонды æмбисыл. Хисдæр чызгæн йæ мад æдзухдæр уайдзæф кодта йæ æдылыдзинады тыххæй. Чызг-иу, мæ- гуыр, йæхи марыны онг сси. Иу хатт куы уыди, уæд хисдæр чызг хъæдмæ ацыди йе’намонддзинадыл фæкæуынмæ. Уым ам- бæлдис иу чысыл лæгыл, йæ бакаст фыдуынд, 76
фæлæ хорз арæзт. Уый уыдис паддзахы фырт Рике-Коцора. Уый бауарзта паддзахы чызджы йæ хуызистмæ гæсгæ, уый фæдыл ныууагъта йæ фыды хæдзар æрмæст дæр уыцы рæсугъд чызджы фе- ныны æмæ йемæ аныхас кæныны тыххæй. Рике- Коцора сцин кодта чызгыл иунæгæй кæй амбæлди, ууылæмæ йæм уæздан æгъдауæй хæстæг бацыди, паддзахы фыртæн куыд æмбæлы, афтæ. Иу цал- дæр уарзон ныхасы йæм куы скодта, уæд бафип- пайдта чызг цæуылдæр æнкъард кæй у, уый æмæ йæ бафарста: — Нæ зонын, хорз чызг, дæ хуызæн рæсугъд афтæ æнкъард хъуамæ цæуыл уа, уый? Мæхи- цæй дын раппæлон, бирæ рæсугъдтæ федтон, фæлæ дзы дæу хуызæн рæсугъд нæма федтон. — Зæгъын æнцон у, лæппу... -— зæгъгæ рай- дыдта ныхас кæнын чызг, фæлæ ферхæцыд æмæ ницыуал сфæрæзта дзурын. — Рæсугъддзинад,— сдзырдта Рике-Коцора,—- у стыр хъуыддаг! Уый цыфæнды хъæздыгдзина- дæй дæр хуыздæр у. Æз нæ зонын, ахæм рæ- сугъддзинадæй хайджын чи у, уый цæмæн хъуамæ уа æнкъард! — Мæнмæ гæсгæ та, — загъта чызг,— фæлтау фыдуынд у, мæнæ дæ хуызæн, æмæ дæм зонд уæд, мæнæ мæ хуызæн рæсугъд æмæ æдылы уæвыны бæсты! — Хорз чызг, уый дæхимæ афтæ кæсы. Чи дæм бакæса, уый æппындæр нæ зæгъдзæни зонд- хъуаг дæ, уый. 77
— Уымæн æз ницы зонын, — дзуапп радта чызг, — фæлæ йæ зонын, тынг æдылы кæй дæн, уый. Афтæ æнкъард дæр уымæн дæн. — Кæд æрмæст ууыл хъынцъым кæныс, хорз чызг, уæд дын уымæн æз баххуыс кæндзынæн. — Æмæ мын куыд æгъдауæй баххуыс кæн- дзынæ? — бафарста йæ чызг. — Мæнæн мæ бон у, — загъта Рике-Коцора,— фылдæр кæй бауарзон, уымæн зонд бахай кæнын. Дæу та æппæтæй дæр фылдæр уарзын, æмæ дæ кæд фæнды, ахæм зондджын суай, уый, уæд уый дæуæн дæхицæй аразгæ у. Баком мын усæн æмæ дæ фæндон сæххæст уыдзæн. Чызг йæхи мидæг куыддæр стыхсти æмæ лæп- пуйæн æппындæр ницы загъта. — Куыд кæсын, афтæмæй дæ мæ ныхас феф- сæрмы кодта, — дзуры Рике-Коцора, — уый дис- саг нæу! Ахъуыды йыл кæн, дæттын дын æнæ- хъæн афæдз æмгъуыд. Чызг хæрз æдылы уыди, æмæ йæ фæндыди зондджын цæмæй суыдаид, уый æмæ йæм афтæ фæкаети, цыма уыцы афæдзæн кæрон нæ уыдзæ- ни. Уымæ гæсгæ сразы лæппуйы ныхасыл. Рике-Коцорайæн æххæст зæгъын дæр нæма ба- фæрæзта чызг,афæдзы фæстæ дæ смой кæндзынæн, зæгъгæ, афтæ уайтагъд йæ зæрдæ йæхиуыл фех- сайдта, зынгæ фендæр хуызон. Кæцæйдæр æм фæ- зынди алцы æппæты тыххæй ныхас кæныны хъару, уымæй æнцон æмæ хæрз аив ныхас кæныны хъару. Уайтагъд райдыдта паддзахы фыртимæ ныхас 78
кæнын; уарзондзинады фæдыл, афтæ æнцонæй ны- хас кодта, æмæ йыл лæппу дис кодта, суанг ма афтæ дæр ахъуыды кодта: „Кæд ын, мийаг, фылдæр зонд радтон, мæхицæн дзы цас ныууагътон, уымæй?" Паддзахы чызг сæхимæ куы æрцыдис æмæ йæ адæм куы бамбæрстой, уæд тынг дис кодтой æмæ фæйнæрдыгæй дзырдтой — куыд æгъдауæй рауа- дис афтæ, зæгъгæ. Раздæр-иу æдзух æдылы ны- хæстæ кодта, фæлæ йæм ныр куы байхъусай, уæд уыцьгæмбаргæ ныхас кæны, аив ныхас. Адæм дис æмæ цин кодтой. Уыцы хабар айхъуысти дардыл. Сæ сыхаг паддзахы фырттæ радыгай цыдысты усгуртæ æмæ дзы алчи дæр йæхи хуыздæрæй æвдыста, чызг æй цæмæй бауарза, уый тыххæй. Фæлæ дзы чызджы зæрдæмæ иу дæр нæ цыди, иу дæр æм дзы фаг зонды хицау нæ касти. Фæстагмæ йæм æрцыди курæг иу паддзахы фырт. Лæппу ахæм хъаруджын, ахæм хъæздыг, ахæм зондджын æмæ ахæм рæсугъд уыди, æмæ чызджы зæрдæмæ тынг фæцыди. Паддзах уыцы хабар куы бамбæрста, уæд загъта, чызгæи йæхи куыд фæнды, афтæ бакæнæд, зæгъгæ. Фæлæ адæймаг цас зондджындæр уа, уыйас ын зындæр у ахæм хъуыддаг æвиппайды алыг кæнын. Чызг арфæ ракодта йæ фыдæн æмæ дзы бар ракуырдта хъуыддагыл ахъуыды кæ- нынæн. Цæмæй йæ мачи хъыгдара, уый тыххæй чызг йæ зæрдæйьг дзæбæхæн атезгъо кодта хъæды 79
’рдæм. Бахæццæ, кæддæр Рике-Коцорайыл кæм ам- бæлди, уыцы хъæдмæ. Чызг арф хъуыдыйы бацыди æмæ тезгъо кæны. Уалынмæ зæххы бы- нæй йæ хъустыл цавæрдæр æмыр хъæр ауад, цыма дзы адæм цыдæр архайынц, дыууæ ’рдæм рауай-бауай кæнынц. Æргуыбыр кодта зæхмæ æмæ æдзынæг хъусы. Æргом фехъуыста адæмы ныхас. Сæ иу загъта: — Уæртæ ма мын уыцы дурын радав! Дыккаг дзуры: — Дæ разы мын аг авæр! Æртыккаг дзуры: — Артыл сугтæ бавæр! Уыцы сахат зæхх байгом. Чызг бынæй ауыдта хæринаг кæм цæттæ кодтой, ахæм стыр уат, хæ- ринаг цæттæгæнæгæй æмæ æндæр адæмæй йедзаг. Уаты даргъ фынгтæ æвæрд, сæ алыфарс адæм архайынц, аив зарынц. Чызг уый куы ауыдта, уæд дисы бацыд æмæ сæ афарста, кæй тыххæй фыдæбон кæнынц уыдон. — Паддзахы фырт Рике-Коцорайы тыххæй,— зæгъгæ йын дзуапп радта, хæринаггæнджытæн сæ тæккæ стырдæр æмæ сæ тæккæ хисдæр.— Райсом ын чындзæхсæв куы кæнæм. Æрмæст уæд æрбалæууыд чызгæн йæ зæрдыл Рике-Коцорайæн дзырд куы радта, смой дæ кæн- дзынæн, зæгъгæ, ууыл афæдз кæй рацыд, уый. Уый размæ йæ хъуыды дæр нал кодта, уымæн æмæ ахæм дзырд куы лæвæрдта, уæд уыдис æды- 80
лы. Фæлæ паддзахы фыртæй ног зонд куы рай- ста, уæд дзы йæ æдылымитæ иууылдæр ферох сты. Чызг цалынмæ хъуыды кодта, уæдмæ Рике- Коцора йæ разы февзæрди — хъæлдзæг æмæ хæрз арæзтæй, ног усгур лæппу куыд вæййы, афтæ. — Уыныс, хорз чызг, æз цы загътон, уый фидарæй æххæст дæр кæнын. Ды дæр дæ ныхас сæххæст кæныны тыххæй кæй æрбацыдтæ ардæм, ууыл гуырысхо нæ кæнын, — загъта паддзахы фырт. — Раст дын куы зæгъон, уæд мæм нырма уый тыххæй ницы уынаффæ ис, æмæ мæм цæмæ æн- хъæлмæ кæсыс, уымæн дын нырма мæ бон ницы зæгъын бауыдзæн,—дзуапп ын радта чызг. — Диссаг мæм кæсы дæ хъуыддаг, — загъта Рике-Коцора. — Уырны мæ, — дзуры чызг, — дæуæй æн- дæр иу фыдцъылыстæ, иу æдылы куы уыдаид, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, мæ хъуыддаг хорз нæ уыдаид. Уæд мын афтæ загътаид: „Хорз чызг, дæ ныхасæн хъуамæ хицау уай. Кæд мын зæрдæ бавæрдтай, уæд мын хъуамæ комгæ дæр бакæ- най". Фæлæ ды дæ иттæг зондджын адæймаг, æмæ мæ кæй бамбардзынæ, уый мæ уырны. Æдылы ма куы уыдтæн, уæддæр куы нæ разы кодтон дæумæ моймæ фæцæуыныл, хорз æй куы зоныс. Ныр зондджындæр куы фæдæн, алцы æппæт хуыздæр æмбарын куы байдыдтон, уæд фыццаг цы хъуыддаг нæ фæнд кодтон, уый ныр 83
сфæнд кæн, уæд дæм уый куыд раст кæсы? Дæ зæрды мæ кæд æцæг ракурын уыдис, уæд тынг фæрæдыдтæ,зондæй мын хай кæй бакодтай,уымæй. — Ды афтæ зæгъыс, хорз чызг, — загъта Рике-Коцора, — иу æдылы адæймаг дын уайдзæф бакодтаид, дæ ныхас афæливыны тыххæй, зæгъгæ. Æмæ мын, уæдæ, уыцы бар цæуылнæ дæттыс, хъуыддаг мæ царды амонды фæдыл куы у, уæд? Фыдуынд кæй дæн, уымæй дарддæр ма цæмæй дæ зæрдæмæ нæ цæуын? Мæ зонд, ме’ннæ æгъ- дæуттæ, мийаг, кæд дæ зæрдæмæ нæ цæуынц? — Уый тыххæй æппындæр нæ,— загъта чызг.— Уыдон дын иууылдæр мæ зæрдæмæ цæуынц. — Кæд афтæ у, — дзуры Рике-Коцора, — уæд амондджын уыдзынæн. Адæмæн сеппæтæй рæ- сугъддæр цæмæй уон, уый та дæуæй аразгæ у! — Æмæ уымæн та куыд ис саразæн? — афар- ста йæ чызг. — Уый та уыдзани уæд, — дзуапп радта Рике- Коцора, — æмæ мæ ды тынг куы бауарзай, æмæ мын рæсугъддзинад дæ цæст куыд бауарза. Цæ- мæй йыл гуырысхо ма кæнай, уый тыххæй зон: мæ гуырæн бон уым цы зин уыди, лæварæн мын афтæ чи загъта, бæстыл кæй бауарзай, уымæн зонд бахай кæн, зæгъгæ, уыцы зин дæуæн дæр балæвар кодта, бæстыл тынгдæр кæй бауарзай, уымæн рæсугъддзинад бахай кæнын, дæ цæст ын æй куы уарза, уæд. — Æмæ уæдæ кæд афтæ у,—сцин кодта чызг,— уæд æз цæттæ дæн мæ рæсугъддзинадæй дæуæн 84
бахай кæнынмæ. Тынг зæрдиагæй мæ фæнды, бæстыл рæсугъддæр цæмæй уай, уый. Чызг куыддæр уыцы ныхæстæ скодта, афтæ Рике-Коцора чызджы раз, цæрæнбонты уынгæ дæр кæй нæма фæкодта, ахæм рæсугъд, ахæм аив лæппу фестад. Ацы хъуыддаджы тыххæй иутæ афтæ дзу- рынц, уый зины хинтæй арæзт нæ уыди, уарзон- дзинад æй афтæ бакодта, зæгъгæ. Ома чызг иу- гæр куы бамбæрста, Рике-Коцора йæ тынг кæй уарзы, уый, йæ зонд, йæ зæрдæйы уаг æмæ йе ’гъдæуттæ чызджы зæрдæмæ тынт куы фæцыды- сты, уæд хъуыды дæр нал кодта лæппуйы фыд- уынддзинад. Уый куыд фæнды дæр уæд, фæлæ чызг загъта, лæппуйæн усæн кæй бакомдзæн, уый тыххæй йæ фæндондзинад, æцæг чызджы фыды куы бафæнда, уæд. Чызджы фыд куы бам- бæрста, йæ чызг Рике-Коцорайы тынг кæй уарзы æмæ йын стыр аргъ кæй кæны, уый, уæд уый дæр уæлдай ницыуал загъта. Чындзæхсæвæн алцы дæр уыди цæттæ æмæ йæ дыккаг бон ахицæн кодтой.
СÆРГÆНДТÆ Сырх Худ 3 Æнгуылдзы йас лæппу 10 Фæныкгуыз 29 Фынæй рæсугъд 44 Зин 55 Цырыхъджын гæды 62 Рике-Коцора 74
Нывгæнæг Дорэ Редактор Дарчиты Д. Техникон редактор Дзгойты А, Корректор Цогойты Н. Мыхуырмæ лæвæрд æрцыд 25X1-1949 азы. Мыхуырон сыфтæ 11. Рауагъдады № 126. Заказ № 2774. Тираж 5000. ЕИ 04704. Цæгат Ирыстоны АССР-ы полиграфион промышленносты, рауагъдадты æмæ чиныгуæй- кæныны хъуыддæгты Управленийы типографи. Дзæуджыхъæу, Дзанайты Иваны уынг, 20.