Text
                    М. ГОРЬКИЙ
АМЕРИКÆЙЫ
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ АССР-ы
ПАДДЗАХАДОН РАУАГЪДАД
Дзæуджыхъæу * 1951


М. Горький В АМЕРИКЕ На осетинском языке. Перевод Г. Агузарова. Государствснное Издательстно Северс-Осетииской АССР * 1951-
АМЕРИКÆЙЫ Бур Дæлимоны горæт ...Океан æмæ зæххы сæрмæ мигъ ауыгъдау лæ<у- уыд, фæздæгимæ бæзджын æмхæццæйæ. Лыстæг къæ’в- да сабыргай уарыд горæты тар хæдзæрттыл æмæ нау- лæууæны лакъон доныл. Науы бортытæм æрæмбырд сты эмигранттæ æмæ сæ алыфарс алцæмæ дæр цымыдис каст кодтой, иуæй цæуылдæр сæ зæрдæ даргæйæ, аннæмæй та дызæрдыг кæнгæйæ æмæ тасдзинады уæвгæйæ тарстæй æмæ цин- дзинад æнхъæл. — Уый чи у? — сабыр хъæлæсæй бафарста полякаг чызг, дисгæнгæйæ Сæрибары статуямæ амонгæйæ. Чызгæн чидæр дзуапп радта: — Америкаг хуыцау...- Бронзæхуыз сылгоймаджы сæвджын гуыр йæ къа- хæй йæ сæры онг сæвæрдта кæрдæгхуыз цъæхгомау хъуына цъар. Йæ уазал цæсгом куырмдзастæй кæсы мигъы æхсæнты океаны тыгъдмæ, цыма бронзæ йæ куырм цæстыты байгас кæнынмæ хурмæ æнхъæлмæ кæсы, уыйау. Сæрибары статуяйы къæхты бын бирæ зæхх нæй. Æмæ афтæ зыны, цыма йæхи океанæй сис- та хæрдмæ, йæ пьедестал у, æваст чи асалд, ахæм уылæнты хуызæн. Сæрибары статуя бæрзонд систа йæ къух океаны æмæ науты мачтæты сæрмæ æмæ уы- мæй зыны уæлдай сæрыстырдæр, уæлдай рæсугъддæр. Афтæ зыны, цыма йæ æнгом æлвæст æнгуылдзты цы факел ис, уый æваст тынг ныррухс кæндзæн, цъæх з
фæздæг фæсурдзæн æмæ йæ алыфарс цыдæриддæр ис, уыдоныл апырх кæндзæн азхсидгæ æхсызгон рухс. Статуя кæуыл лæууы, уыцы зæххы гыццыл гæбазьг алыфарс та, незамайнаг æвирхъау кæфхъуындарты хуызæн, океаны доныл бырынц егъау æфсæйнаг наутæ, æххормаг сырдты хуызæн фæзын-фæзын кæнынц гып- цыл катертæ. Аргъæутты уæйгуытау ниуынц сиренæтæ, хъуысы мæсты æхситтытæ, дзыгъал-мыгъул кæнынц якорты рæхыстæ, океаны уылæнтæ тыхджын фæйла- уынц» алырдæм пырх калгæ. Æппæтдæр дæ алы фарс згъоры, кæдæмдæр тырны, стъæлфы хъæддых йæхи милæг. Науты лæсгæртæ æмæ цæлхытæ тагъдтагъд дзæхст-дзæхст кæнынц дон— дон у бур фынк, уырынгтæ-уырынгтæ. Æмæ адæймагмæ афтæ кæсы, цыма æппæгд(æр — æфсæйнаг, дуртæ, дон, бæлæстæ, — иууылдæр мастдып- пыр сты, хур кæм нæй, зарджытæ æмæ амонд кæм нæй, уыцы царды ныхмæ сты, цыма уыдон æппæтæй дæр уæззау фæллойы уацары сты. Æппæтдæр хъæр- зы, ниуы, къæскъæс кæны, адæймагæн хæрам чи у, ахæм цавæрдæр сусæг тыхы коммæ кæсгæйæ. Æфсæй- наг кæй ныффæстытæ æмæ ныскъуыдтæ кФдта, нефты сойджын стъæлфытæй чи счъизи ис, æхсныфтæй æмæ хъæды хафæнтæй, хъæмпæй æмæ хойраджы фæлхæрт- тæй чи счъизи ис, уыцы доны риуыл алы ран дæр кусы, адæймаджы цæст кæй нæ уыны, ахæм уазал æмæ хæрам тых. Уыцы тых карз æмæ иухуызон уагьтл схойы æппæт уыцы æнæкæрон егъ’ау машинæйы, уым наутæ æмæ науцалцæггæнæнтæ сты æрмæстдæр хæрз чысыл хæйттæ, адæймаг та дзы у бынтон чысыл лæс- гæр, хъæдæрмæджы, æфсæйнаджы дызгъуымтæгонд чъизи цæндты, стыр науты, лодкæты æмæ вагæттæй се- дзаг цавæрдæр тъæпæн гыццыл науты астæу зынгæ дæр чи нæ кæны, ахæм стъæлф. Дыкъахыг цæрæгой, уыцы æмтъеры хъæлæбайæ удаист, сæлхæрхуыз, уыцы æнæуд дунейы змæлдæй йæ зæрдæ нынкъуыст уæвгæйæ, æппæтæй дæр сау алайæ æмæ сæрдæнæй дзагæй, æнахуыр каст кæны мæнмæ, йæ хæлафы дзыппыты йæ къухтæ нытъысгæйæ. йæ цæсгом ахуырст у бæзджын сойджын чъизитæй, æмæ 4
дзы æрттивц удæгас адæймаджы цæстытæ нæ, кфæлæ айдагъ’ урс дæндæгтæ. :•: * Нау æнцадгай быры æндæр бирæ науты дзыгуыры æхсæнты. Эмигрантты цæсгæмттæ æнахуыр цъæх ный- исты, дзæгъæлкаст кодтой. Адæм лæууынц науы чъилты цур æмæ æнæзмæлгæйæ кæсынц мигъмæ. Уыцы мигъы зынын æмæ рæзын райдыдта, гуыпп æмыр змæлд кæм ис, ахæм цыдæр; уый а1дæмты ’рдæм улæфы цавæрдæр æнуд, уæззау уæлдæф æмæ уымæн йæ уынæры хъуысы цавæрдæр тасдзинад, цавæрдæр зыддзинад. Уый у горæт Нью-Йорк. Доны был лæууынц ссæдзуæладзыгон хæдзæрттæ, æгомыг æмæ сау æн- дæрг «арйхафæнтау». Афтæ зыны, цыма уыцы цып- пæрдигьон хæдзæрттæ аив æмæ рæсугъд куы уаиккой, уый сæ нæ фæнды, афтæмæй æнтъыснæг æмæ æнкъард- хуызæй фæцыдысты хæрдмæ. Алы хæдзарыл дæр зы- ны, фыд бæрзонд æмæ фыдуынд кæй у, уымæй цыма хирвæссон æмæ сæрыстыр у, уый. Рудзгуытыл нæй ди- динджытæ, нæ сæ зыны сывæллæттæ дæр... Дардæй бакæсгæйæ, горæт зыны егъау æфсæрты хуызæн, даргъ æмæ цыбыр сау, дæндæгтимæ. Горæт арвмæ улæфы сау фæздавджы уылæнтæй æмæ сым- сым кæны, æгæр нард гуыбындзæл, хæстулæфтгæнæг адæймаджы хуызæн. Горæтмæ адæймаг куы бацæуы, уæд æм афтæ фæ- кæсы, цыма милуангай адæмты чи аныхъуырдта æмæ сæ чи лыстæг кæны, ахæм ахсæнмæ, дурæй æмæ æф- сæйнагæй конд ахсæнмæ бахауы. Горæты уынг у бырынцъаг, зыд, æфтъæраг би- рæгъдзых; ууылты кæдæмдæр, арф лæсынц горæты хойраджы тар комдзæгтæ—удæгас адæм. Алы ран дæр—дæ сæрмæ, дæ къæхты бын æмæ дæ хæд фарсмæ дзыгъал-мыгъул кæны æфсæйнаг, йæ уæла- хиздзииæдтæ æвдисгæйæ. Сыгъзæрины тых царды гуылфæнмæ кæй ракодта æмæ йæ удæгас адæйма- джы хуызы чи равдыста, уыцы æфсæйнаг хæлуарæ- джы тынтау алырдыгæй æртыхст адæймагыл æмæ йын цъиры йæ туг, йæ магъз, æхсыны йын йæ хæцъæфтæг 5
йæ нервытæ æмæ тыхдя^ынæй-тыхджыщдæр кæны, æго- мыг дурыл æнцой кæнгæйæ, йæ рæхысы цæгтæ уæрæ- хæй-уæрæхдæр æппаргæйæ. Егъау уаллæтты хуызæн бырыщ локомотивтæ, сæ фæдыл вагæттæ ласгæйæ, нард бабызты хуызæн хъуахъ- хъуахъ кæнынц автомобильтæ, электрон тых æн- къард’æй ниуы, — иу ныхасæй къозо донæй куыд ныд- дымсы, афтæ æнуд уæлдæф йæ тæккæ дзаг у ниугæ мин- гай алыхуызон уынæрæй. Чъизи горæтмæ йæхи ныл- хъивгæйæ, фабрикæты фæздæгимæ сæмхæццæ уæвгæ- йæ, уый уыцы иухуызонæй лæууы алайæдзаг бæрзонд къулты æхсæн. ’У’ Горæты фæзты æмæ гыццыл . цæхæрадæтты бæлæ- сты къалиутыл рыгæйдзаг сыфтæртæ ауыгъдæй лæу- -уынц æнæзмæлгæ æмæ уыдоны æхсæнæй зынынц мо- нументтæ. Сæ цæсгæмттæ уыдонæн сæвæрдтой бæзджын чъизи цъар, кæддæр райгуырæн бæстæмæ уарзондзинадæй цæхæр чи калдта, сæ уыцы цæстытæ байдзаг сты горæты рыгæй. Уыцы бронзæ адæймæгтæ цавд дуртау иугæйттæй зынынц бирæуæладзыгджын хæдзæртты æхсæнæй æмæ уыцы хæдзæрттыл бæрзо:?д сау къулты аууон зынынц дзиглоты хуызæн, ныдздзæ гъæлтæ сты уыцы æнæхъоладзинады, æнцад, æгомы- гæй лæууынц æмæ æнкъардæй рыст зæрдæйæ кæсынц, сæ къæхты бын адæм куыд фырзыдæй дзолгъо-мол- гъо кæнынц, уымæ. Гыццыл, сау адæймæгтæ тагъд- тагъд згъорынц цыртыты рæзты, фæлæ уыдонæй ге- ройты цæсгæмттæм кæсгæ дæр ничи кæны. Капиталы егъау кæфхъуындартæ адæмы зондæй фæлидзын код- той сæрибардзинад аразæг адæмы ахадындзинад. Бакæсгæйæ афтæ зыны, цыма уыцы бронзæ адæмрл сæры уыцы-иу хъуыды ис: — Ау, æз ахæм цард аразынмæ хъавыдтæн? Сырх зынг къæйыл, хъæрмхуыпп фыцæгау, цард фыцы æнæчетарæй, уыцы дзолгъо-молгъойы зилдух кæнынц чысыл адæм, куы фæзынынц, куы фæцыдæр вæййынц, мæнæ фыцгæ басы лæхурæджы мурты хуы- зæн, денджызы уылæнты астæу æхсныфты хуызæн го- рæт ниуы æмæ ныхъуыры уыцы адæмы иугай-дыгай. 6
Геройтæй иутæ сæ къухтæ æруагътой, иннæтæ еæ :хæрдмæ систой, радаргъ сæ кодтой адæмы сæрты æмæ цыма афтæ дзурынц: — Æрлæуут! Уый цард нæу, уый æррадзинад у... Уыцы цыртытæ иууылдæр уæлдай сты уынгты æм- тъерыдзинады, æппындæр сæ бынаты не сты, фæлæ æууынц æнæфсис сырды ниудмæ хъусæгау, дура>й, авгæй æмæ æфсæйнагæй арæзт æнкъард фантазийы æнгом уацары. Иу хатт æхсæвы уыцы цыртытæ-геройтæ рахиздзы- сты сæ лæууæн-бынæттæй æмæ æфхæрд адæмы хуы- зæн, уæззау санчъехтæгæнгæ, ацæудзысты уынгты æмæ ацы горæтæй дард ахæсдзысты се ’нкъарддзинад, мæй кæм кæсы, уæлдæф кæм ис, ахæм æнæуынæр быдыр- 1мæ. Адæймаг цæргæ-цæрæнбонты йæ райгуырæн бæ- стæйы хор’здзинадæн кæд фæкуыста, уæд æнæмазпг уымæн æмбæлы, мæлæты фæстæ йæ цæмæй æнцад-æп- цой ныууадзой, уый. Адæм уынгты тагъд-тагъд згъорынц алырдæм. Уы- дон ныгъуылынц дурæй амад къулты хуынчъыты. Æф- сæй^наджы уæлахиз дзыгъал-мыгъул, электрон тыхы хъæрæй ниуын, металлы ног арæзтады, дурæй ног къултæ амайыны куысты нæрын—æппæт уыдæттæ сæ быны кæнынц адæмы ныхас, океаны уад мæргъты уа- сын куыд бынæй кæны, афтæ. Адæмы цæогæмттæ сты æнæзмæлгæ, сабыр, æвæи- цæгæн, уыдонæй ничи æмбары, цагъайраг уæвын, кæф- хъуындар горæты холлаг уæвын цас æнамонддзинад у, уый. Уыцы тæригъæддаг адæмæн сæхимæ бæргæ афтæ кæсы, цыма сæ цард сæхицæй аразгæ у,—хаттæй-ха^т сæ цæстытыл ауайы, цыма хæдбар сты, фæлæ уыдои, æвæццæгæн, не ’мбарынц, уый кæй у, пълотничы къухы ^фæрæт цас хæдбар у, куырды куыстгæнæджы къухы— лзæбуг, мидбылты хин худт бакæнгæйæ, æппæтæн дæр иу егъау, фæлæ къуындæг ахæстон чи аразы, ахæм гыццылсисамайæджы къухы агуыридур цас хæдбар у, æндæр кæй ницы у, уый. Адæмы æхсæн ис бирæ ныфс- джын цæсгæмттæ, фæлæ алы цæсгомыл дæр фыцца- джыдæр уыныс æрмæстдæр дæндæгтæ. Зæрдæйы сæри- 7
бардзинад, уды сæрибардзинад нæ зыны уыцы адæмы цæстытыл. Æмæ æбардзинады уыцы хъару зæрдыл лæууын кæны, чи нæма скъуымых, ахæм карды уазал æрттывд. Уый у удæгас кусæнгæрзты сæрибардзинад Бур Дæлимоны — Сыгъзæрины къухы. Æз ’фыццаг хатт уынын ахæм æбуалгъ горæт, адæм мæнмæ ахæм ницæййаг, ахæм цагъар никуыма касты- сты. Уыимæ æз никуы федтон ахæм æнамонд уæвгæйæ æнæфсис, чъизи ахсæны, фыр зыдæй йæ зонд кæмæн фæцыд æмæ æрра сырды ниуд кæнгæ, мæгъзтæ æмæ- нервытæ чи ныхъуыры, уыцы æфтъæрæджы ахсæны мидæг сæ цардæй куыд разы сты, уый... Адæмы тыххæй дзургæйæ зæрдæ риссы. «Уæлдæфон фæндаджы» вагон нкуы æмæ гуыр- гуыргæнгæ згъоры рельсытыл, нарæгуынджы хæдзæрт- ты къулты ’хсæн, æртыккаг уæладзгуыты бæрзæн- дыл. Хæдзæртты къултæ æмæхкæд сты æфсæйнаг бал- къонтæй æмæ асинтæй. Хæдзæртты рудзгуытæ сты голг æмæ дзы искуы-иу ранæй фæстæмæ зынынц адæймæг- ты гуыртæ. Уыдонæй иуæй-иутæ кусгæ кæнынц, хуы- йынц, кæнæ къаннæг стъолтыл ныггуыбыр кодтой æмæ- цыдæртæ нымайыыц, иннæтæ хуымæтæджы бадьшц рудзгуыты раз, рудзгуыты тæрхæджытыл сæ риутæйг æнцой кæнынц æмæ кæсынц, æппынæдзух сæ цæстыты раз цы вагæттæ згъоры, уыдонмæ. Зæрæдтæ, æрыгон адæм, сывæллæттæ—иу дзырд сæ никæйы дзырсæй ха- уы, сты уыцы иухуызон сабыр. Сахуыр сты уыцы æнæ- нысан тырнындзинæдтыл,' сахуыр сты афтæ хъуыды чæ- нын, цыма ахæм уавæры исты нысан ис. Æфсæйнаг æлдариуæг кæй кæны, уый ныхмæ сæ цæстытыл нæ зыны маст, нæ сæ зыны æнæуынондзинад, æфсæйнаг уæлахиз кæи кæны, уый ныхмæ. Вагæтты цыд змæльн? кæны хæдзæртты къулты,—базмæлынц сылгоймæгты риутæ, нæлгоймæгты сæртæ; балкъонты æфсæйнæгтььт дзедзыкка кæнынц сывæллæттæ æмæ уыдон дæр ба- зырзыр кæнынц, ахуыр кæнынц уыцы æбуалгъ цар- дыл, цыма æнæмæнг дæр афтæ хъуамæ уа, уыцы хуы- зы. Сæры мæгъзтæ æдзухдæр змæлынц æмæ сæ, æвæц- цæгæн, фадат нæй хиуæндон, рæсугъд хъуыдытæ уа~ в
фыны тыххæй, фадат дзы нæй рæвдз, уæндон хъуыды- йы равзæрдæн. Мæнæ чъизи кофтæйы мидæг фæзынд зæронд усы тар цæсгом. Кофтæйы æгънæджытæ æвæрд не сты. Вагæттæн фæндаг дæттгæйæ, æнуд хурхгæнæг уæлдæф- йæхи ныццавта р’удзгуыты ’рдæм æмæ зæронд усы сæрыл урс дзыккутæ базмæлыдысты, фæныкхуыз мар- гъы базырты хуызæн. Зæронд ус æрæхкæдта йæ тар- фæллад цæстытæ. Стæй цыдæр æрбацис. Змæст уæтты мидæгæй зынынц сынтæджы æфсæй- наг хъæлтæ. Сынтæджытæ сты бызгъуыртæй æмбæрзт,. "ъизи тæбæгътæ æмæ хойраджы фæлхæрттæ лæууынц. стъолтыл- Адæймаджы фæнды рудзгуытыл дидинджы- тæ фенын, искæйы къухы чиныг фенын. Фæсте азза- йынц хæдзæртты къултæ, — уыдон уыцы чъизийææр- лæууынц адæймаджы цæстыты раз, æнæхъола тлгъд. змæлды, æнæдзургæйæ, адæм æнæбары архайынццы- "дæртæ. Рыг бæзджын кæуыл сбадт, ахæм рудзынгæй ферт- тывта адæймаджы гæмæх сæр. Уый уьщы иу хуызы æдзух хъеллау кодта цавæрдæр станокыл. Бур дзыкку, тæнтъихæг чызг бады рудзыиджы тæрхæгыл æмæ- кæиы цъында, йæ тар цæстытæй æрвæдзæгтæ нымгиы. Уæлдæфы уылæн чызджы басхуыста мидæмæ уатмæ.. Фæлæ чызг йæ цæстытæ нæ систа йæ куыстæй. Уæл- дæф хæрдмæ систа чызджы къаба, фæлæ йæ уый хъуы- ды дæр не ’ркодта. Фæндзгай азтæ кæуыл цæуы, ахæм; дыууæ лæппуйы æхсныфтæй балкъоны аразынц хъа- зæн-хæдзар. Агъуыст баыкъуысыд æмæ сывæллæтты хъазæн хæдзар ныккалд. Уыдон сæ чысыл къухтæй ахсынц тæнæг æхсныфтæ, балкъоны зыхъыртæй уынг- мæ куыд нæ ныххауой, афтæ. Сывæллæттæ дæр пæ^ кæсынц, сæ хæдзар цæй аххосæй ныкк’алд, уымæ. Но- цжыдæр æмæ ноджыдæр кæрæдзийы фæстæ рудзгуы- тæй фæзынд адæймæгты цæсгæмттæ, цыма мургай чи- бацис, ахæм цавæрдæр иу æнæхъæн цæйдæры ницæйаг, схъиуæццаг муртæ сты, уый хуызæн. Вагæттæ æнæуаг, æрра згъорд кæнынц æмæ сурынц уæлдæфы. Уæлдæф фæйлауы адæмы дарæс æмæ сæ- ры хъуынтæ, сæ цæсгæмттæ сын цæвы хъарм, æнуд уæлдæфы уылæнæй, сæ хъустæм сын схойы æмæ тъыс- 9>
■сы мингай мыртæ, сæ цæстыты сын калы лыстæг, су* .дзаг рыг, куырм сæ кæны, къуырма сæ кæны æлпынæ- ,дзухы ниугæ уынæр... Хъуыды чи кæны, йæ сæры магъзы бæллицтæ, ныв- тæ, фæлгондзтæ чи æвæры, фæндонтæ кæмæ æвзæры, -æрхæндæг чи кæны, фæндонтæ кæмæ ис, цæуылдæрты разы чи нæу, цæмæдæр æнхъæлмæ чи кæсы, ахæм тдæгас адæймаджы уыцы хъæддаг ниуын, хъысхъыс, богъ-богъ, къулты дурты уыцы зырзыр, рудзгуыты æвгты сонт азæлд хъыгдариккой. Смæстджын уаид уый, рацæуид хæдзарæй æмæ басæттид, ныппырх кæ- нид уыцы æнæуаг—«уæлдæфон фæндаджы»; уый ныс- -сабыр кæнын кæнид æфсæйнаджы æнæхъола хъæддаг ниуыны, уый—царды хицау у, цард—уый тыххæй у, ■æмæ йьш йæ.цард цыдæриддæр хъыгдары, уыдон иу- уылдæр хъуамæ сæфт æрцæуой. Фæлæ Бур Дæлимоны горæты цæрæг адæм æнцад- -æнцойæ фæразынц, цыдæриддæр адæймаджы хъизæ- марæй мары, уымæн. «Уæлдæфон фæндаджы» бынмæ уынгты рыджы ^æмæ чъизийы, æнæ исты дзургæйæ, сывæллæттæ рэв- .дул-бавдул кæнынц,—о, æнæдзургæйæ, кæд æппæт ду- нейы сывæллæтты хуызæн уыдон дæр худынц æмæ хъæр кæнынц, уæддæр, фæлæ уыдоны хъæлæба сæфы, сæ сæрмæ цы гыбар-гыбур цæуы, уым, къæвдайы æр- тæхтæ денджызы куыд сæфой, афтæ. Кæйдæр гуыми- ры къух хæдзары рудзынгæй цъыф уынгмæ кæй рап- пæрста, ахæм дидинджыты хуызæн зынынц сывæллæт- тæ. Уыдон улæфынц горæты æнуд, хъылмайы тæфгæ нæг уæлдæф, сты фæлурс æмæ бур, сæ туг сæмхæццæ маргджын хъылмаимæ, сæ нервыты сын фæриссын кодта згæ æфсæйнаджы хæрам хъысхъыс, цагъар рухсы æнкъард ниуын. Цыма ахæм сывæллæттæй æнæниз, ныфсджын, т.æрыстыр адæймæгтæ рауайдзæн?—фæрсыс дæхи. Æмæ уыцы фарстæн дзуаппы хуызы алырдыгæй хъуы- •сы хъысхъыс, кæлкæл, хæрам цъæхахст. Вагæттæ згъорынц горæты хъæздыггæнæг, мæгуыр- •ты сых Ист-Сайды фæрсты. Уынгты арф къанæуттæ 10
адæмы кæнынц кæдæмдæр горæты бæрæг астæумæ, Адæймагмæ афтæ зыны, цыма уым егъау, æнæбын хуынкъ—аг арæзт ис. Уырдæм æмбырд кæнынц уыцы ■адæм сеппæт дæр æмæ сæ уым фыцынц сыгъзæрин. Уынпы къанæутты мидæг сывæллæттæ мæлдзыджыты змæлд кæнынц. Æз бирæ мæгуырдзинад федтон, æз тынг хорз зо- нын уыцы мæгуырдзинады цъæх, æнæтуг, къ,æсхуыр, афтид стæг æмæ царм цæсгом. Уыцы мæгуырдзинады цæстытæ, фыр æххормагæй æдылы æмæ фыр зыдæй цæхæртæ чи калы, хин æмæ мастисæг, кæнæ та ца- гъардзинады хуызы коммæгæс æмæ æдзухдæр адæй- маджы цæстыты хуызæн чи нæу, ахæм цæстытæ æз алы ран дæр федтон. Фæлæ цыдæриддæр федтон, уы- донæй Ист-Сайды мæгуырдзинадæн æмбал нæй. Уынгтæ адæмæй сты седзаг, голджытæ лæхурæгæй куыд дзаг уой, афтæ. Сывæллæттæ уынгты бырон ка лæн асыччыты зыдæй агурынц æмбыд халсартæ æмæ сæ æд хъуына хæрынц уыцы æнуд судзгæ рыджы æмæ уæлдæфы. Хъуына дзулы къæбæр куы ссарынц, уæд ыл кæрæ- дзийы ныттонынц, фыр зыдæй чысыл къæбылаты хуы- зæн, алкæй дæр фæфæнды уый ахæрын. Уыдон æмызмæлд кæнын байдайынц астæрд уынгтыл гуы- бындзуан бæлæтты хуызæн. Æхсæвы иу сахатыл, дыууæ сахатыл, кæнæ ноджы æнафондæр—уыдон се змæлынæй нæ банцайынц уынгты, мæгуырдзинады тæригъæддаг микробтæ, Бур Дæлимоны хъæздыг ца- гъартæн комкоммæ удæгас уайдзæфы хуызæн, уыдон змæнтынц æмæ змæнтынц бырæттæ, цъыф, чъизитæ. Чънзи уынгты тигътыл лæууынц цавæрдæр пецтæ. Уыдоны фыцы цыдæр. Тæф лыстæг хæтæлыл уæлдæф- мæ цæуы æхситтгæнгæ. Цъæхснаг æхситт хуынчъытæ кæны хъустæ, райхъуысы уынгты уынæры æхсæнты, æнæкæрон ныддаргъ вæййы, цæстытæ къахæг урс, уи- зал æндахы хуызæн. Уыцы æхситт æртыхсы къубалыл, æмхæццæ æмæ дзæгъæл кæны сæры хъуыдытæ, суры сæ кæдæмдæр æмæ, иу цæсты фæныкъуылд дæр æнцад нæ кæнгæйæ, зырзыр кæны, уæлдæф чи аныхъуырдта, уыцы æмбыд тæфы, зырзыр кæны хынджылæггæнæгау, мæстджынæй уыцы чъизийы царды иннæрдæм хизгæйæ. 11
Чъизи æнамонддзинад у, уый ахъардта алы ран дæр: хæдзæртты къулты, рудзгуыты æвгты, адæмы уæлæйы дарæсы, сæ буары, сæ сæры мæгъзты, сæ фæн- донты, сæ хъуыдыты... Уыцы уынгты—хæдзæртты д’уæртты талынг бацаг- уæнтæ сты дурын къулы мидæг хъæдгæмтты хуызæн. Уырдæм куы бакæсай, уæд фендзынæ асинты чъизи къæпхæнтæ. Къæпхæнтæ седзаг сты чъизийæ, быронæй æмæ афтæ зыны, цыма уым мидæгæй æппæтдæр бам- быд хæдмæлы, хуылфы хуызæн.Адæм та уаллæтты хуызæн зынынц... Хъоппæг сауцæст бæрзонд сылгоймаг лæууы дуары цур. Йæ хъæбысы ис сывæллон, йæ кофтæйы æгънæ- джытæ сты уæгъд, йæ цъæх риутæ æрзæбул сты даргъ дзæкъулты хуызæн. Сывæллон цъæхахст кæны, йæ æн- гуылдзтæй тоны мады лæмæгъ, цола, æххормаг буар„ йæ буарыл ын йæ цæсгом авæр-авæр кæны, йæ был- тæй йæ цъиры, исдугмæ ныссабыр вæййы, стæй та тынг хъæр кæнын райдайы, йæ къухтæй æмæ къæхтæп хойы мады риу. Мад лæууы цавддурау, йæ цæстытæ, уыджы цæстыты хуызæн, ныйирд кæнгæйæ. Уый æрæн- гом кодта йæ былтæ æмæ улæфы йæ фындзæй, йæ фындзы хуынчъытæ байтынг вæййынц, уынджы æнуд уаёлдæф улæфгæйæ, уыцы адæймаг цæры, знон кæй аныхъуырдта, уыцы хойраг мысгæйæ, чи зоны, искуы кæй ахæра, ахæм дзулы къæбæрыл сагъæс кæнгæйæ. Сывæллон цъæхахст кæны, фестъæлф-фестъæлф кæн- гæйæ, — фæлæ мад нæ хъусы уый хъæр, нæ йæм хъарынц сывæллоны цæфтæ... Бæрзонд, къæсхуыр зæронд лæг, бæгъæмсарæй, йæ низджын цæстытæ тъæбæртт-тъæбæртт кæнгæйæ, тыз- мæгæй архайы бырæтты цæнды, уым агуры æвзалыйы муртæ. Исчи йæм хæстæг куы бацæуы, уæд зæронд лæг раст бирæгъау æнæбарыгомау йæ æргом разилы æма^ йæхи нымæр цыдæр бахъуырхъуыр кæны. Тынг фæлурс æмæ цола лæппу цæджындзыл банцоГг кодта æмæ йæ цъæх цæстытæй уынджы иннæ кæронмæ кæсы, хаттгай батилы йæ къæбæлдзыг сæр. Лæппу йæ къухтæ арф нытъыста йæ хæлафы дзыппыты æмæ сæ уым адæргæй з^æлын кæны, цыма сæ исты агуры^ афтæ... 12
Лцы уынгты адæймаг бæрæг вæййы, хъуысы йæ мæстджын, рыст, мастисæг хъæлæс. Ам адæймаг у æххормаг, знæт, кæны æрхæндæг. Бæрæг у, адæм сагъæс кæй кæнынц, уый. Ахæм адæмæй чъизи къанæуттæ сты седзаг, кæрæдзиуыл хафынц сæхи, раст цæугæ лакъон доны бырæттæ кæрæдзи куыд хафой, афтæ; уыдоны змæлын æмæ зилын кæны æххормагдзи- нады тых, мондаг сæ кæны исты ахæрынмæ. Хойрагмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, æфсæст уæвыныл хъуыды кæнгæйæ, уыдон ныхъуырынц маргæйдзаг уæлдæф æмæ сæ æнкъард зæодæты зрсЬ æвзæры алы- хуызон хъуыдытæ, хи æнкъарæнтæ,фыдраконддзинады фæндтæ. Уыдон сты горæтыл низ æфтауæг микробты хуызæн, æмæ æрцæудзæн ахæм рæстæг, æмæ уыдон уыцы горæ- ты фæнизджын кæндзысты, ныр сæ йæхæдæг афтæ æнæвгъау кæмæй æфсады, раст уыцы маргæй! Фанары цур цы лæппу лæууы, уый рæстæгæй-рæ- стæгмæ батилы йæ сæр, фыр æххормагæй йæ дæндæг- тæ кæрæдзиуыл андæдзынц. Мæнмæ афтæ кæсы, цыма йæ æз æмбарын, цы йæ хъæуы, уый—мæнмæ гæсгæ уый фæнды, æвирхъау тыхджын къухтæ æмæ йын ба- зыртæ куы уаидк уый. Афтæ йæ фæнды уымæн, цæмæй иу бон стæха горæты сæрмæ, ауадза дзы йæ къухтæ дыууæ æндон мæцъисы хуызæн æмæ дзы цыдæрид- дæр ис, уыдон сызмæнта иумæ æмæ сæ рауайын кæка быроны, æмæмæрдты цæнд—агуыридурты æмæжемчу- гы, сыгъзæрины æмæ цагъарты дзидзайы, авджы æмæ миллионерты, цъыфы, сæрхъæнты, храмты, рыг кæй бахордта, уыцы бæлæсты æмæ бирæ уæладзыг «арвха- фæнты», иу ныхасæй æппæты дæр, горæты æнæхъæнæй лæр иу цæнды цæмæй сызмæнта æмæ дзы чъизийы æмæ адæмты тугæй цъыфы хыссæ цæмæй рауайа, уый тыххæй. Æвзонг лæппуйы сæры магъзы уыцы тæссаг хъуьтды у, æнæуд мæллæг адæймаджы буарыл хъæд- гом куыд уа, афтæ. Цагъарты куыст бирæ кæм уа, уым бынат нæй’ сæрибар, сфæлдыстадон хъуыдыйæн, уым рæзæн ис æрмæстдæр халæн хъуыдытæн, масти- сыны маргджын дидинджытæн, фосы абухгæ ныхлæуд- дзинадæн. Æмæ ахæм уавæр æмбæрстгонд у—адæйма-" джы зæрдæ зыгъуыммæгонд куы цæуа, уæд дзыллæтæ 13
ахæм адæймагмæ хъуамæ æнхъæлмæ ма кæсой хæ- ларзæрдæйы уагмæ. Адæймагæн маст исыны бар ис—ахæм бар уымæа дæттынц адæм. * ... * Алайæ æмæхкæд тар арвыл баталынг бон. Уыцьг рæстæджы егъау агъуыстытæ свæййынц ноджы хъуын- тъыздæр æмæ æрхæндæгдæр. Егъау агъуыстыты ра нæй-рæтты кæмдæр арф ссудзынц цырæгътæ æмæ æрт- тивынц, уыцы æнæивгæ, æнæзмæлгæ исбон æхсæв-бои- мæ чи хъуамæ хъахъæна, ахæм æнахуыр сырдты бур цæстыты хуызæн. Адæм фесты сæ боны куыст. Æмæ уыцы куыст цæй тыххæй бакодтой, кæй пайдайæн æй бакодтой, ууыл хъуыды дæр нæ кæнынц, афтæмæй тагъд-тагъд згъо- рынц хуыссынмæ. Уынгтæ семыдзаг сты адæмæй. Сеп- пæтыл дæр уыцы иухуызон шляпæ-худты æмæ сæ цæстытыл зыны, сеппæт дæр хуыссæгвæллад кæй сты, уый. Кусгæ бон фæцис, цæуыл ма хъуыды чындæуа, уый нал ис. Иууылдæр хъуыды кæнынц хицауы тых- хæй, сæхи тыххæй цæуыл хъуыды кæной, уый нæй, куыст куы уа, уæд уыдзæн хойраг дæр æмæ царды ницæйаг мондæгтæн дæр суадзæн уыдзæн, уымæй’ дарддæр та адæймаджы ницы хъæуы Бур Дæлимоны горæты. Адæм цæуынц сæ хуыссæнтæм, сæ сылгоймæгтæм,, сæ лæгтæм æмæ æхсæвы сæ æнуд уæтты, хидæйдзагæй æмæ хидæй бырынцъагæй, уыдон кæрæдзийæн пъатæ кæндзысты, цæмæй горæтæн ног холлаг райгуыра, уый тыххæй... Адæм цæуынц_æмæ цæуынц. Фæлæ нæ хъуысы ху дын, нæй хъæлдзæг ныхас, нæ зыны мидбылты худт_ Уасынц автомобнльтæ, цъыччытæ кæнынц ехсытæ, æмыр гуывгуыв кæнынц электрон телтæ, нæрынц ва- гæттæ. Æвæццæгæн кæмдæр цæгъды музыкæ. Гыццыл лæппутæ цъæхснаг хъæлæсæй дзурынц га- зетты нæмттæ. Шарманкæйы цъаммар зæл æмæ кæй- дæр æрдиаг баиу сты, лæгмар æмæ цæстфæлдахæг хъазæнхъулы æвирхъау, æнахуыр хъæбыс куы нык- кодтой, уæд. Æнæдзургæйæ цæуынц чысыл адæм,—цы- ма дуртæ хохрæбынмæ тулынц, афтæ... 14
Фылдæрæй-фылдæр цæхæр калынц бур цырæгътæ— æнæхъæн къултæ æрттивынц æхсидгæ ныхæстæй бæгæ- ныйы, арахъы, сапоны, ног сæрдасæны, шляпæты; си- гарæты тыххæй, театрты тыххæй. Сыгъзæрины зыд схуыстытæ алы ран дæр уынгты дæргъæй-дæргъмæ> кæй сурынц, уыцы æфсæйнаджы нæрын сабырдæр нæ кæны. Ныр алы ран дæр цырæгътæ куы судзынц, уæд æппынæдзухы æрдиаг ноджы тыхджындæр у, уымæн йæ нысаниуæг æндæр хуызы кæны, у ноджы тыхджындæр. Хæдзæртты къултæй, вывескæтæй, ресторанты рудз- гуытæй цæуы тад Сыгъзæрины цæстытæ къахæг рухс. Æнæуаг, хъæргæнаг рухс алы ран дæр уæлахиздзина- ды зырзыр кæны, къахы цæстытæ, адæмы цæсгæмттæ фыдуынд кæны йæ уазал æрттывдæй. Уымæн йæ хин æрттывд тынг æнæфсисæй цæттæ у адæмæн сæ дзып- пытæй сæ куысты мызды ницæйаг муртæ фелвасынмæ, рухс йæ фæныкъуылдтытæй аразы зынг ныхæстæ æмæ уыцы ныхæстæй æнæдзургæйæ кусджытæм сиды ни- цæйаг æнцойдзинадмæ, амоны сын, къухы æнцонæй чи бафтдзæн, ахæм дзауматæм... Æгæр бирæ рухс ис ацы горæты! Райдианы цыма рæсугъд у, афтæ фæзыны, адæймаджы цырын æмæ хъæлдзæг кæнгæйæ. Рухс—сæрибары фæзынд æмæхуры сæрыстыр хъæбул у. Рухс куы рапарахат вæййы, уæд нæ дидинджытæ æрттивынц æмæ цæрынц зæххы æп- пæт дцдинджытæй дæр хуыздæр. Рухс сыгъдæг кæны царды, уымæн йæ бон у фесафын, цыдæриддæр хæр- рæгъæй, мардæй æмæ чъизийæ ис, уыдоны. Фæлæ ацы горæты, авджы агъуды конд рухсмæ кæсгæйæ, æмбарыс, куыд æппæтдæр, афтæ рухс дæр цагъар кæй у, уый. Уый кусы Сыгъзæринæн, æрмæст- дæр Сыгъзæрины тыххæй æмæ тынг дард у адæммæ... Куыд æппæтдæр—æфсæйнаг, дур, бæлас,—афта* рухс дæр у адæймаджы ныхмæ: адæймаджы цæстытæ куырм кæны æмæ йæм сиды афтæ: — Ардæм-ма рацу! Æмæ йæ сайы афтæ: — Æри де ’хцатæ! Адæм дæр цæуынц уый сидтмæ æмæ æлхæнынц, чи сæ пæ хъæуы, ахæм ницæйаг дзауматæ æмæ кæ- сыыц, къуымых сæ чи кæны, ахæм равдыстытæм. 15
Афтæ зыны, цыма кæмдæр горæты центры Сыгъзæ- рины стыр къуыбар фыр мондагæй æмæ тæссаг тагъд зилы æмæ æппæт уынгты дæр пырх кæны рыджы лы- -стæг муртæ æмæ сæ бон-сауизæрмæ адæм зыдæй агурынц æмæ сæ ахсынц, фæлæ куы æризæр вæййы, уæд Сыгъзæрины къуыбар зилын райдайы иннæрдæм, рауайын кæны уазал, рухсы зилгæ дымгæ æмæ йæм æлвасы адæмы, цæмæй уыдон фæстæмæ раттой, боны цы сыгъзæрин рыг æрцахстой, уый. Уыдон кæд- дæриддæр раттынц, сæхæдæг цы райстой, уымæй фыл- дæр æмæ иннæ бон райсомæй Сыгъзæрины къуыбар фестырдæр вæййы, уый зилдух кæнын райдайы тагъд- дæр, тынгдæр хъуысы йæ цагъар-æфсæйнаджы- уæла- хизы ниуын, кæй сцагъар кодта, æппæт уыцы тыхты гыбартыбур. Æмæ та Сыгъзæрин знонæй зыддæрæй, тыхджын- дæр цъиры адæмы туг æмæ магъз, цæмæй изæрмæ уы- цы туг, уыцы магъз суой уазал, бур металл. Сыгъзæ- рины къуыбар у горæты зæрдæ. Уый куысты мидæг ис <еппæт пард дæр, уый фылдæр кæныны мидæг ис йеп- пæт ахадындзинад дæр. Æмæ уый тыххæн адæм бон-изæрмæ къахынц зæхх, æхсидынц æфсæйнаг, аразынц хæдзæрттæ, у.пæфынц фабрикæты фæздæг, сæ буар цъиры маргæйдзаг æнуд уæлдæфы чъши, уый тыххæй уыдон уæй кæнынц сæ рæсугъд буар. Ахæм мæнгард кæлæнгæнæг уавæр фынæй кæны уыдоны удггæ, уыцы уавæр сæ Бур Дæлимоны къухгы кæны коммæгæс кусæнгарз, Бур Дæлимон æвæллай- гæйæ Сыгъзæрин кæмæй тайын кæыы, йæбуар æмæ йæ туг кæмæй аразы, ахæм æрзæт. Океаны тыгъд быдырæй цæуы æхсæв æмæ горæт- мæ улæфы уазал цæхджын комы тæфæй. Уазал ны- рæгътæ æхсæвы хуым кæнынц мингай фæдтæй, фæлæ æхсæв цæуы, тæригъæдгæнгæйæ, мингай тар дарæстæй тухы хæдзæртты æнæуаг уынд, нарæг уынгты æлгъаг- дзинад, мæгуырдзинады бызгъуырты чъизи æмбæрзгæ- йæ. Зыд æррадзинады хъæддаг дзыназын тæхы æхсæ- вы размæ, уый сабырдзинад халгæйæ. Æхсæв цæуы 16
æмæ сындæггай мынæг кæны цагъар рухсы æнæуаг æрттывд, йæ фæлмæн пæлæзæй горæты æмбигæ хъæд- гæмттæ æмбæрзгæйæ. Фæлæ æхсæв уынгты куы æрæмбæрзы, уæд йæ бон нæ вæййы горæты маргджын тæфыл фæуæлахиз уæ- вын, йæ сыгъдæг улæфтæй сæ ныххæлиу кæнын. Уый йаахи хафы хурæй хъармгонд къулты дурыл, лæсы хæдзæртты сæрты згæ æфсæйнагыл, уынгты чъизийыл, ахъары дзы маргджын рыг, ныхъуыры алы хъылма тæф æмæ, йæ базыртæ æруадзгæйæ, æдых, æнæзмæл- гæйæ æрæнцайы хæдзæртты сæртыл, уынгты къа- нæуттыл. Æхсæвæй ма баззад æрмæстдæр талынг,— фæлмæн, сыгъдæг, æхсызгон уæлдæф цыдæр æрбаисты, аныхъуырдтой сæ дур, æфсæйнаг, бæлас, адæмы чъи- зи рæуджытæ. Æхсæвæй нал ис нæдæр сабырдзинад’, 1гæдæр зæрдæмæхизгæ ра&сугъддзинад... Горæт’ æрфынæй æнуды, уый хъæрзы егъау цæрæ- гойы хуызæн. Уыцы цæрæгой бон-изæрмæ æгæр бирæ оафтъæрдта алы холлаг, уый тæвд кæны ныр, фезмæ- лын нал фæразы æмæ уыны фыд фынтæ. Рухс зырзыргæнгæ æрмынæг вæййы, фæци йæ гадзы- рахатдзинады æппæлойы- лæккадгæнæджы куыст. Хæдзæрттæ адæмы иу иннæйы" фæдыл баласынц сæ дурджын хуылфытæм. Фыдхуыз, бæрзонд æмæ гуыбыр лæг лæууы уын- джы фисыныл æмæ æнкъардæй дзæгъæлгаст кæны алырдæм, уæззаугомау йæ сæр разил-базилгæнгæйæ. Кæдæм цыдæуа? Уынгтæ иууылдæр æмхуызон сты, æмæ хæдзæрттæ дæр иууылдæр кæрæдзимæ кæсьи-ш рудзгуыты зына-нæзына рухсæй уыцы иухуызон куыд- фæндыйæ æмæ æрдæгмардæй... Æнуд æрхæндæг хурх æлхъивы хъарм къухæй, улæфт хъыгдаргæйæ. Хæ- дзæртты сæры æнæзмæлгæ лæууы, аэлгъыст, æнамонд горæтæй бон-изæрмæ цы тæф фæцыд, уый рæсуг æв- рагъы фæлм. Уыцы æврагъы фæлмы æхсæнты арвыл бæрзондæй ферттив-ферттив кæнынц стъалытæ. Адæймаг систа йæ худ, схæцыд йæ сæрыл, кæсы хæрдмæ. Ацы горæты хæдзæрттæ афтæ бæрзонд сты, æмæ кæмфæндыйæ дæр тынгдæр арвы зæххæй ассыд- той дарддæр. Стъалытæ зынынц чысыл æмæ иугæйг- тæй... 17
Дардæй кæцæйдæр фæдисы зæлланг кæны æрхуы? труба. Лæджы даргь зæнгтæ æнахуыр зырзыр бакод- той. Лæг араст уынгтæй иуыл æмæ цæуы уæззау къах[дзæфтæй, ныггуыбыр кодта йæ сæр æмæ тцлы йæ- къухтæ. Æнафон у, уынгтæ æдзæрæгæй-æдзæрæгдæр кæнынц. Иугай гыццыл адæймæгтæ цыдæр æрбавæй- йынц бындзыты хуызæн, мæйдары æрбайсæфынц. Фи- сынтыл æнæзмæлгæйæ лæууынц пъæлицæйæгтæ. Уьг донæн сæ уæлæ ис цъæх худтæ, сæ къухты лæдзджы- тæ, æууилынц тамако, се ’фсæртæ, сынæрцæгъдæгау, змæлын кæнгæйæ. Лæг цæуы уыдоны иувæрсты, телефонты цæджыщп- ты æмæ хæдзæртты къулты мидæг тынг бирæ сау дуæртты — сæ цыппæрдигъон кæмттæ уæзбын чи бай- гом кодта, уыдоны фæрсты. Кæмдæр дард^гуыргуыр кæны трамвайы вагон. Æхсæв ныххурх уыигты арф кълеткæты. Æхсæв амард. Лæг цæуы, йæ къæхтæ бæрцбарст исгæйæ, æмæ змæлыи кæны йæ даргъ, къæдз гуыр. Уый афтæ зыны, цыма цæуылдæр хъуыды кæны, æмæ кæд ныфсджын хъуыдытæ не сты, уæддæр уыдон сæйрагдæр хъуыдытæ сты. Мæнмæ афтæ кæсы, цыма уыцы лæг давæг у. Горæты сау уынгты йæхи удæгас адæймагып чи нымайы, ахæм лæджы уынын æхсызгон у. Гом рудзгуытæй кæлы адæймаджы хиды зæрдæ- хæссæн тæф. Бамбарæн кæмæн нæй, ахæм уæззау мыртæ схæц-æрхæцгæнгæ хъуысынц æнуд, æрхæндæг талынджы... Бафынæй æмæ йæ фыны сæнттæ цæгъды Бур Дæ- лимоны хъуынтъыз гфæт. ÆНКЪАРДДЗИНАДЫ ДУНЕ Æхсæв куы ралæууы, уæд æвиппайды, цыма цæсты- тыл ауайы, афтæ, океанæй арвмæ фæцæуы горæт. Го- рæт иууылдæр арæзт у рухсæй. Мингай сырхбын цæ- хæртæ æрттивынц талынджы, арвы тар хуызы цур алыхуызы дзæнхъайæ конд диссаджы хорз фидæртты, галуанты æмæ аргъуанты лæмбынæг æмæ бæлвырд рухс кæнгæйæ. Уæлдæфы тыбар-тыбур кæны сыгъзæ- 18
рин тын, свæййы æрттивгæ рухсы диссаджы рæсугъд нывæфтыдтæ æмæ ныссабыр вæййы, доны чи зыны, гъе уыцы рæсугъддзинадыл цин кæнгæйæ. Диссаджы рæсугъд у æмæ йын бамбарæн дæр нæй, цæхæр чи калы, уыцы рухсæн, фæлæ дзы судзгæ ницы кæны. Цæст тыххæй уыны уыцы рухсы зына-нæзына дисса- джы рæсугъд зырзыр. Уыцы рухсы зырзыр арвы æмæ океаны тыгъды æвдисы цæхæркалгæ горæты диссаджы æнахуыр рæсугъд ныв. Горæты сæрмæ фæйлауы сырх- гомау сæуæхсидт æмæ доны зыны йæ ныв, тад сыгъ- зæрины диссаджы стъæлфытЫ) хуызæн... Рухсы хъазт æвзæрын кæны æнахуыр хъуыдытæ: афтæ зыны, цыма галуанты залты, æхсидгæ циндзина- ды цæхæры сабыр æмæ сæрыстырæй зæлланг кæны музыкæ, æппындæр кæй никуы фехъуыстæуыд, ахæм музыкæ. Уый фидыц гуылфæны уылæныл, базырджын стъалыты хуызæн, цæуынц зæххыл тæккæ рæсугъд- дæр æмæ хуыздæр хъуыдытæ. Лив кафты уыдон ам- бæлынц кæрæдзиуыл æмæ, æваст тынг цæхæртæ акал- гæйæ, æвзæрын кæнынц ног пиллон, ног хъуыды. Афтæ зыны, цыма уым, фæлмæн талынджы, океа- ны уырынгтæ-уырынгтæ риуыл сыгъзæрин æндæхтæй,. дидинджытæй æмæ стъалытæй арæзт диссаджы хорз стыр авдæн уыздæуы æмæ уым æхсæвы хур йæ фæл- лад уадзы. * * Хур адæймаджы хæстæгдæр æвæры царды æцæг- дзинадмæ. Боны æхсидгæ хуры бынаты зынынц æр- мæстдæр урс мигъы стыр агъуыстыты цъуппытæ. Океаны улæфты æрвхуыз мигъ сæмхæццæ горæты цъæх æмæ тар фæздæгимæ, урс гыццыл агъуыстыты æмæхкæд æркодта цъæх мигъ, уыцы хæдзæрттæ цы- бæл кæнгæ зырзыр кæнынц, сидынц сæхимæ æмæ зæр- дæ ’вæрынц цавæрдæр диссаджы хорздзинадæй, зæр- дæфидаргæнæнæй. Уым, фæсте, фæздæджы æмæ рыджы мигъты астæу, æнцад лæууынц горæты цыппæрдигъон хæ дзæрттæ. Æнæрынцойæ хъуысы горæты æнæфсис, æх- хормагзыд богъбогъ. Уыцы тыхджын азæлд æнкъуы- сьш кæны уæлдæф æмæ адæймаджы зæрдæ, æфсæйнаг 19
хъисты æнæбанцайгæ дзыгъал-мыгъул, Сыгъзæрины’ тых кæй æфхæры, царды уыцы тыхты æрхæндæг хъæр- зын, Бур Дæлимоны худæн æхситт — æппæт уыцы цъæхахст адæймаджы суры дард, смаггæнаг горæт кæй ныцъист æмæ нычъизи кодта, уыцы зæххæй. Æмæ адæм цæуынц океаны былмæ. Уым арæзт ис рæсугъд урс агъуыстытæ. - Уыцы агъуыстытæ адæмæн зæрдæ æвæрынц баулæфыны æмæ удæнцойы тыххæй. Адæм æнгом æрлæууыдысты доны былыл. Доиы был цыргъ карды хуызæн арф æмæ цæхкæр байгæр- ста тар дон. Змис хъармæй бурбын æрттивы хурмæ. Æмæ хъæдабæйы хуызæн змисыл рæсуг агъуыстытæ афтæ зынынц, цыма доны былмæ чидæр æрцыд æмæ уылæнты йæхи ауагъта, йæ хъæздыг дарæс уыцы уы- лæнты риуыл баппаргæйæ. Адæймаджы фæнды бацæуын æмæ уылæнты фæл- мæн, рæвдауæг хъуымæцтæм уырзæй бавналын, уыдо- ны фæлмæн æнхъыртты йæхи æруадзын æмæ æдзæрæг тыгъд быдырмæ кæсын, цы ран æнæ уынæрæй тагъд ратæх-батæх кæнынц урс цъиутæ, цы ран океан æмæ арв рæдзæ-мæдзæгæнгæ фегуыппæг сты хуры æхсидгæ æрттывды. Уый хуыйны — Куни Айланд. Къуырисæр бонты горæты газеттæ сæрыстырæй фе- хъусын кæнынц газет кæсæгæн: «Знон Куни Айланды уыдис 300 000 адæймаджы. Фесæфт дзы 23 сывæллоны...» ...Бирæ рæстæг цæуын хъæуы рыджы æмæ уынгты дзолгъо-молгъойы, Бруклиныл трамвайы æмæ Лонг Айланд|ы сакъадахыл, цалынмæ Куни Айланды диссаджы аив, хорз рæсугъддзинадмæ бахæццæ уай, уæдмæ. Æ’мæ адæймаг уыцы зынджы горæтмæ бацæуæны раз куыддæр æрл&ууы, афтæ акуырм вæй- йы. Йæ цæстытæ йын ныццæвынц сæдæгай мин уазал, урс цæхæртæ æмæ бирæ рæстæджы йæ бон ницы рав- зарын вæййы æрттивгæ рыджы; йæ алыфарс æппæт- дæр сиу сты цæхæркалгæ æрра уады, алцыдæр зил- дух кæны, æрттивы æмæ мондаг кæны адæймаджы. Адæймаджы уайтагъддæр фæкъуырма кодтой, уымæн уыцы рухсы æрттывдæй цæлхъывтой йæ æмбарындзи- 20
над, фæсырдтой йын йæ хъуыды æмæ. адæймагæй са- рæзтой бардзы гæбаз. Дзæгъæл хуызæй æмæ æнæ иу ыыхасæй адæм цæуынц кæдæмдæр цырæгъты æрттив* гæ рухсы æхсæнты. Адæймаджы сæры магъзы смидæя вæййы тарбын-урс мигъ, мондагæй æнхъæлмæ кæсын адæймаджы уды æрæмбæрзы уымæл æмбæрзæнæй. Рухсы æрттывдæй ныццæвы, афтæмæй адæмы бардз уылæнтæй цæуын райдайы рухсы æнæзмæлгæ цардмæ. Рухс алырдыгæй дæр æлвæст у æхсæвы талынг тæл • мытæй. Алы ран дæр чысыл цырæгътæ æнæуд æмæ уазал æрттывд кæнынц цæджындзтыл, къултыл, рудзгуытыл, карнизтыл, алы ран дæр ауыгъд ис цырæгътæ. Уыдон дæргъæй-дæргъмæ раст хæххытæй æвæрд сты электрон станцæйы бæрзонд трубайыл, судзынц æппæт хæдзæрт- ты сæртыл, адæмы цæстытæ къахынц æнæуд æрттывды цыргъ судзинтæй — адæм сæ цæстытæ фæныкъул- фæныкъул кæнынц æмæ, м’идбылты дзæгъ(æл худт кæн- гæйæ, сабыргай цæуынц зæххыл, суйтæ рæхысы уæз- зау цæгты хуызæн... Адæймаг хъуамæ тынг архайа, бардзы æхсæн цæ- мæй ма фесæфа, уый тыххæй- Адæм та фесты, нæдæр хъæлдзæгдзинад, нæдæр циндзинад кæм нæй> уыцы дисы æрхæндæджы бын. Æмæ дзыллæты æхсæн чи нæ фæдзæгъæл вæййы, уый уыны, уыцы милуангай цы- рæгътæ кæй æвзæрын кæнынц æнкъард, æппæты дæр бæгънæг чи кæны, ахæм рухс æмæ рæсугъддзинадæн уæвæн кæй ис, уый амонгæйæ, уыцы цырæгътæ алы ран дæр æргом кæнынц къуымых, æнкъард æнæхъо- ладзинад1. Дардæй цæстытыл уайæг диссаджы горæт ныр цæстыты раз æрлæууы, куыд бæлæсты раст тагты æнæуаг хылы-мылы, тагъд-тагъд, сывæллæттæн хъа- зынæн цы аслам хиирхæфсæн арæзт æрцыд, ахæм^ сы- вæллæтты фыдуагдзинæдтыл чи тыхсы æмæ суанг хъа- зæнтæй дæр сывæллæттæм коммæгæсдзинад æмæ са- бырдзинад чи хъомыл кæны, ахæм зæронд ахуыргæнæ- джы ныхъуыдыгонд куысты хуызæн. Дæ!сгай урс агъуыстытæ сты фыдконд æмæ æнаив æмæ дзы иунæ- джы дæр æппындæр ницы рæсугъддзинады миниуæг ис. Хæдзæрттæ арæзт сты хъæдæрмæгæй, сæ урс ахуырст æрызгъæлд, æмæ афтæ зынынц, цыма сæ буар 21
сеппæтæн дæр уыцы иу низæй фехæлд. Бæрзонд мæс- гуытæ æмæ ныллæг агъуыстытæ ныддаргъ сты дыууæ æгомыг раст рæнхъытæй æмæ кæрæдзимæ сты тынг æн- гом, æнаив. Æппæты дæр бастыгъта, тырнындзинад æмæ бæллиц кæм нæй, уыцы рухсы æрттывд. Рухс алы ран дæр æрттивы, аууон никæцæй зыны. Алы хæдзар дæр лæууы, йæ дзых уæрæх чи ныххæлиу кодта, ахæм æдылыйы хуызæн, мидæгæй та дзы ис фæздæ- джы æврагъ, æрхуы трубаты цъæхснаг æрдиаг, арганы ниуын æмæ адæмы тар гуыртæ. Адæм хæрынц, нуа- зьшц, дымынц тамако. Фæлæ адæймаджы уынæр никæцæй хъуысы. Уæл- дæфы хъуысы фонарты цырæгъты сырсыр, хъуысынц музыкæйы бырæгъ мыртæ, арганты хъæдын уасæнты мæгуыр зарæг æмæ æфсæн пецты иугæндзон тæнæг цъысцъыс. Æппæт уыдæттæ иу кæнынц æмæ хъуы- сынц афтæ, цыма бынтон æнæзынгæ ставд, тынг æл- вæст хъис æдзух дывдыв кæны, æмæ уыцы æнæсцух дывдывмæ адæймаджы хъæлæс куы бафты, уæд уый вæййы удаист сусу-бусуйы хуызæн. Дæ алфæмблай æппæтдæр цъаммар æрттывд кæны, æппæт аиппытæ дæр æргом кæнгæйæ... Адæймаджы зæрдæйы фыцы удæгас, сырх, рæзгæ рухсы æхсидгæ фæндон, цæмæй уыцы рухс адæмы суæгъд кæна, хъустæ чи хуынкъ кæны æмæ цæстыты чи куырм кæньь уыцы хъулон-мулон æнкъарддзинады уацарæй... Адæймаджы фæнды æппæт уыцы уавæрыл арт бандзарын æмæ цырен калгæ пиллон алыхуызон æвзæгты æвирхъау хъазты, царды мæгуырдзинады фесæфты уыцы куывды æрра, хъæлдзæг кафт кæныи, хъæр кæнын æмæ зарын... Уыцы горæтэд уацары æцæгæй ис сæдæгай мин адæмтæ. Горæты æппæт егъ-ау фæзы æнгом æвæрд сты хæдзæртты урс-урсид чырæгтæ, агъуыстыты æппæт залты дæр адæм дЬолгъо-молгъо кæнынц сау бындзы- ты балы хуызæн. Сывæрджын сылгоймæгтæ, сæхицæн бузныг уæвгæйæ, сæ уæззау гуыбынтæ хæссынц сæ ра зæй. Сывæллæттæ æнæдзургæйæ сæ дзыхтæ ныххæлиу ’кодтой, сæ цæстытæ сын куырм кæны рухс æмæ сæ 22
алыфарс тыхкаст кæнынц, афтæмæй уайынц ^æмæ сæ уыцы цæстæнгасы тыххæй фыр тæригъæдæй адæй маджы зæрдæйы тугтæ ныккæлынц, сæ алфæмблайы æппæт аиппытæ рæсугъддзинадыл кæй нымайынц» уьш тыххæй. Нæлгоймæгтыл рихитæнæй, сæ цæсгæмттæ сты даст. Уыдон куыддæр сты кæрæдзийы хæрз хуызæн æмæ сты æнæзмæлгаа Уыдонæн сæ фыл- дæр ардæм æркодтой сæ устыты æмæ сывæллæтты æмæ сæхи хонынц сæ бинонтыл хæрзаудæг, канд хæринаг нæ, фæлæ ма сын диссаджы хорздзинæдтæ дæр кæй уынын кæнынц, уый тыххæй. Нæлгоймæгтæн сæхи зæрдæмæ дæр цæуы уыцы къуыдипп рæсугъд- дзинад, фæлæ уыдон тынг хъуыддагхуыз сты æмæ куыд хъуамæ раргом кæной сæ æнкъарæнтæ, уымæ гæсгæ уыдон уыцы иухуызон банцъылдтой сæ тæнæг былтæ æмæ сæ цæстытæ ныкъулæгау æрæлхъывтой, афтæмæй æрфгуыты бынæй кæсынц, истæуыл кæй нæ бадис кæнын кæндзынæ, ахæм адæмы хуызæн. Фæлæ ахæм фæлтæрдджын адæм кæд сабыр зынынц, сæ цымыдисдзинад не ’вдисынц, уæддæр сæ тынг фæнды, горæты æппæт цард бæлвырд базонын. Гъе, æмæ уыцы ас адæм, мидбылты æнæрвæссон худт кæнгæйæ æмæ сæ ирд цæстыты разыйы æрттывд æмбæхсгæйæ, бæх- батт скæнынц электрон карусель хъæдын бæхтыл æмæ пылтыл. сбадынц æмæ сæ къæхтæ дзедзыкка кæнынц, сæ зæрдæтæ гуыпп-гуыпп кæнынц, афтæмæй æнхъæл- мæ кæсынц, рельсытыл кæд ауайдзысты, опп, зæгъгæ, хæрдмæ кæд стæхдзысты æмæ æхситтгæнгæ дæлæмæ сæхи кæд æруадздзыстьь уыцы стыр æхсызгондзинад* мæ. Уыцы схъиугæ балцы куы ацæуынц, уæд та хъуыд- дагхуызæй иууылдæр ныттынг кæнынц сæ цæсгомы’ царм æмæ таараст вæййынц сæ иннæ мондæгтæ суа- дзынмæ... Æхсызгондзинæдтæ бирæ сты: мæнæ æфсæйнаг мæ- сыджы цъуппыл дыууæ даргъурс базыры уæзбын хъел- лау кæньшц, базырты кæрæттыл ауыгъд сты чырæгтæ. Чырæгты бадынц адæм. Базыртæй иу арвмæ йæхи куы сисьь уæд каубыд чырыны чи фæбады, уыцы адæмы цæсгæмттæ нырхæндæг вæййынц æмæ сеппæтæн дæр æмхуызон сæ быцъынæг фескъуыйы æмæ æнæдзургæйæ ^е стыр цæстытæй æнцад ныккæсынц, дардæй-дарддæр 23
сæм чи кæны, уыцы зæхмæ. Уыцы рæстæджы арæхстгаи дæлæмæ цæуын чи райдайы, иннæ уыцы чырæджы цы адæм фæбадынц, уыдоны цæсгæмттæ ныррухс вæййынц мидбылты худтæй æмæ райхъуысы цины хъæр. Уыцы хъæртæ вæййынц, къæбылайы йæ бæрзæйы цармæй куы сисай æмæ йæ уæлдæфы иу чысыл куы адарай, стæй йæ пъолыл куы æрæвæрай, уæд уый цины хъыл- листыты хуызæн- Иннæ мæсыджьи, цъуппы алыфарс уæлдæфы тæхынц лодкæтæ, æртыккаг мæсыджы цъупп зилы æмæ ласы цавæрдæр æфсæйнаг баллонтæ, цыппæрæм, фæн- дзæм — уыдон иууылдæр зилынц æмæ зилынц, пиллон калынц, сидынц уазал зынджы æгомыг хъæрæй. Æп- пæтдæр зилы æмæ зилы, хъыллист кæны, нæры æмæ^ зилын кæны адæймæгты сæртæ æмæ сæ кæны хиуыл- æрвæссон, æнкъард, змæлы суйтæй æмæ ’сæ рухсы альг æрттывдæй уыдон фæллайын кæнгæйæ. Ирд цæстытæ ноджы тынгдæр ныйирд вæййынц, урс-урсид æрттивгæ хъæдæрмæджы æнахуыр тыхзмæлды туг сафгæйæ, сæ- ры магъз фæлурс кæнын райдайы. Æмæ афтæ зыны^ цыма æнкъарддзинад комкоммæ йæхимæ æнæуынон- дзинад дарыны бын хъæрзы æмæ зилдух кæны сабыр- гай сæфты уавæры æмæ йе ’нкъард кафтмæ æлвасы дæсгай мин иухуызон сау адæмты, дымгæ уынгты бы- рон куыд мæрза, афтæ сæ æнæбары къордтæ-къо’рдтæй мæрзгæйæ, стæй та сæ ногæй апьфх кæнгæйæ æмæ æрбамæрзгæйæ... * * * Хæдзæртты дæр адæммæ æнхъæлмæ кæсынц удæп- дойдзинæдтæ, фæлæ уыцы удæнцойдзинæдтæ хъуыд- дæгтæ сты, уыдон адæмы хъомыл кæнынц. Ам адæмæн æвдисынц Зындон йæ фидар æгъдæуттимæ æмæ алы- хуызон хъизæмардзинæдтимæ. Уыцы хъизмардзи- нæдтæ байй’афдзысты, закъонтæ арæзт кæй тыххæй æрцыдысты, уыцы адæмтæй сын сæ фидардзинад чи фехала, уыдон... Зындон конд у мæнг рæсугъдзинадæй. Уый тар сырхбын ахуырст у, алы ран дæр дзы ахъардта тæз- дæн фæразаг æрмæг æмæ цавæрдæр сойаджы, бæз- джын чъизи тæф. Зындон тынг æвзæр конд у,—уый ца- 24
вæрфæнды тынг æнæдомаг адæймагмæ дæр равзæрыи кæндзæн æлгъдзинад. Уый у, дуртæ æмтъерыйæ калд кæм сты æмæ сырхгомау талынгæй дзаг чи у, ахæм лæгæт. Дуртæй иуыл бады Иблис, йæ уæлæ ис сырх. цыллæ хъуымацæй хуыд дзаума, афтæмæй. Уый, æна- хуыр змæлдтытæ кæнгæ, ныззылынтæ кодта йæ къæс- хуыр, тарбын цæсгом, йæ къухтæ кæрæдзийыл асæрф- асæрф кæны, хорз хъуыддаг чи бакодта, ахæм адæй- маджы хуызæн. Уый, æвæццæгæн, хорз нæ бады—гæх- хæттын дур къæскъæс кæны æмæ.змæлы, фæлæ уый иыма уыцы уавæр хъуыды дæр нæ кæны, бынæй йæ- зылын къæхты цур дæлимонтæ тæригъæдджынтæн ны фыдмитæ кæнынц, уыдонмæ кæсгæйæ. Мæнæ иу чызг балхæдта шляпæ æмæ йæхицæй буз- ныг уæвгæиæ, хъæлдзæгæй йæхимæ кæсы кæсæнмæ. Фæлæ йæм фæстæрдыгæй бахъуызыдысты, æвæццæ- гæн, тынг æххормаг чи у, ахæм дыууæ чысылгомау дæлимоны. Уыдон чызгæн фæхæцыдысты йæ дæлæрт- тыл. Чызг цъæхахст кæны, фæлæ байрæджы кодтаГ Дæлимонтæ йæ æрæвæрдтой даргъ лæгъз нучы. Лæ- гæты астæу цы, дзыхъ и, уым нук уырдыгмæ ауагътои. Дзыхъæй кæлы цъæх тæф, хæрдмæ кæлы сырх гæххæт- тæй конд зынджы пиллон. Чызг, æд шляпæ æмæ æд кæсæн, нучы йæ фæсонтыл ныббырыд уыцы дзыхъмæ. Æрыгон лæппу анозта арахъы агуывзæ,—дæлимон тæ та уый дæр æвæстиатæй ауагътой уырдæм, сценæ- йы пъолы бынмæ. Зындоны æнуд у. Дæлимонтæ къаннæг æмæ æдых сты. Уыдон, æвæццæгæн, тынг бафæлладысты сæ куы- стæй, мæсты кæнынц, сæ куыст уыцы иухуызон æмæ æнæпайда кæй у, ууыл. Гъе, æмæ уымæ гæсгæ уыдоп бирæ ракæ-бакæ дæр нæ кæнынц тæригъæдджынтимæ, сугты лыггæгты хуызæн сæ нукмæ æппаргæйæ. Уыдон- мæкæсгæйæ адæймаджы фæнды афтæ ныхъæр кæнын! — Æгъгъæд у æдылыдзинадæн! Забастовкæ кæнын райдайут, лæппутæ!.. Чызг, кæимæ ныхас кодта, уый дзыппæй фелвæста иу цасдæр æхца,—æмæ та йыл цæсты фæныкъуылдмæ- лæлимонтæ сæхи ныццавтой, ратон-батон æй кæнынц. Иблисæн та æхсызгон у. Уый цингæнгæйæ тилы йæ къæхтæ æмæ цъаммархуызæй хинæйдзаг чырчыр кæны.. 25-
Дæлимонтæ зулмæ мæсты каст кæнынц æввонгхормæ æмæ фыр мæстæй æхсидгæ дзыхъы хъæлæсмæ калынц, а^нæнхъæлæджы—хъуыддаджы фæдыл кæнæ йæ фыр цымыдисæй—зындонмæ чидæриддæр цæуы, уыдон сеп- пæты дæр... Адæм æмбырдæй уыцы æнæуаг мондæгтæм кæсынц æнæдзургæйæ æмæ лæмбынæг. Залы талынг у. Цавæр- дæр бæзæрхыг къæбæлдзыгсæр лæппу бæзджын пид- жачы, бæзджын, æнкъард хъæлæсæй ныхас кæны æмæ къухæй амоны сценæмæ. Йæ ныхасы уый амоны, зæгъгæ, адæмы кæд нæ фæнды, цæмæй сырхдарæсджын зылынкъах Иблисы амæттаг бауой, уый, уæд хъуамæ зоной, чызджытимæ куы нæ саргъауой, уæд сын пъатæ кæнæы кæй нæй, уый, уымæн æмæ афтæ куы кæной, уæд чызджытæ суыдзысты æнæгъдау хæлл\ аргъуан бар куы нæ рат- та, уæд æрыгон адæмæн пъатæ кæнæн нæй, уымæн æмæ афтæ кæнгæйæ, райгуырдзысты лæппутææмæ чыз- джытæ; хъахбайтæ хъуамæ æхца ма давой сæ уазджы- ты дзыппытæй; адæм иууылдæр хъуамæ æппындæр мд нуазой сæн æмæ мондæгтæ чи æвзæрын кæны, ахæм æндæр нуазинæгтæ; уыдон иууылдæр хъуамæ цæуой, нуазæндонтæм нæ, фæлæ аргъуантæм, — уый удæп пайдадæр у, стæй асламдæр уайы... Лæппу дзуры уыцы иухуызон æнкъард æмæ, æвæц- цæгæн, йæхæдæг дæр не ’ууæнды, куыд ын бафæдзæх- хтой æмæ куыд дзуры, афтæ цæрын хъæуы, ууыл. Тæригъæдджынты хъæлдзæг хъомылгæнæны хи- цæутты тыххæй адæймаг æнæбары æваст фæхъæр кæны: — Господа! Кæд уæ фæнды, цæмæй морал адæйма- .джы зæрдæмæ хъара, мæнæ, зæгъæм, гуыбын тæнæг- гæнæн хос куыд хъары, афтæ,—уæд моралы ахуыргæн- джытæн фндын хъæуы фылдæр! Уыцы æбуалгъисторийы кæронмæлæгæты’.иу къуы- мæй рацыд, раст фыр рæсугъдæй адæймаджы зæрдæ кæмæ хаста, ахæм зæд. Уый ауыгъд уыд телыл æмæ уæлдæфы дæргъæй-дæргъмæ цыд æппæт лæгæтыл, сьдгъзæрин гааххæтт ныхæст кæуыл уыд, ахæм хъæдын уадындзыл йæ дæндæгтæй хæцгæйæ. Уалынмæ йæ Иблис куы ауыдта, уæд фæдæлдзæх тæригъæдджын- :26
ты фæстæ дзыхъы, райхъуыст къæскъæс, гæххæттьш дуртæ хауынц кæрæдзиуыл, хæйрæджытæ цингæнгæ згъорынц фæскуыст баулæфынмæ,—æмбæрзæн æруагъ- той. Адæм сыстадысты æмæ ацыдысты. Иуæй-иутæ уæндынц худын, адæмæн сæ фылдæр лæууынц æмæ кæсынц æдзынæг. Чи зоны æмæ уыдон хъуыды кæ- нынц афтæ: — Зындоны дæр кæд афтæ æвзæр у, уæд, æвæццæ- гæн, тæригъæды хъуыддæгтæ кæнын нæ хъæуы. Цæуынц дарддæр. Иннæ агъуысты сын æвдисынц «Мæрдты бæстæ». Уый у стыр кусæндон, уый дæр арæзт у мæнгард аивдзинадæй. Кусæндон æвдисы, æв- зæр дарæсы мидæг мæрдты удтæ æнæ исты хъуыдда- гæй дзæгъæлы кæм лекка кæнынц, ахæм шахтæтæ. Уыдонмæ цæст ныкъулæн ис, фæлæ сын æлхысчъытæ- гæнæн нæй. Уый бæлвырд у. Уыдон, æвæццæгæн, тынг æнкъард кæнынц зæххы бын Сырдоны талынг здыхст хæдзары, уымæл уæлдæф, уазал сыг кæй хойы, уыцы дæрзæг къулты 'х|сæн. Иуæй-иу удтæ тынг æв- зæр хуыфынц, иннæтæ æнæдзургæйæ æууилынц тама- коæмæ зæхмæчъыртт кæнынц бур сæт; иуудкъуымы къулыл йæхи банцой кодта æмæ дымы сигарæ... Сæ цурты куы фæцæй цæуай, уæд адæймаджы цæс- гоммæ кæсын райдайынц æгъуыз цæстытæй æмæ, сæ былтæ æыгом æлвасгæйæ, æргъæфстæй сæ къухтæ æмбæхсын райдайынц мæрдты бызгъуырты дыдæгъты. Æххормаг сты уыцы мæгуыр удтæ æмæ сæ, æвæццæ- гæн. бирæтæ сæйгæ сты æндыснæгæй. Адæм уыдонмæ кæсынц æнæдзургæйæ, улæфынц уымæл уæлдæф æмæ сын зæрдæтæ æвæрынц, зына-нæзына ма чи судзы, уы- цы æвзалыйыл хуылыдз чъизи хæцъил куы баппарай æмæ йæ куыд ахуыссын кæны, афтæ сын сæ хъуыды чи хуыссын кæны, ахæм æнкъард æрхæндæгыл... Ноджыдæр ма иу агъуысты разæнгардæй æвдисынц «Æппæтдунеон хъаймæт». Зындгонд куыд у, афтæмæй, уый арæзт æрцыд тæригъæдджын адæмы æфхæрыны тьтххæй... Иу ныхасæй, ацы торæты æппæт уынинæгтæ дæр арæзт сты иу нысанмæ: адæмæн хъуамæ æвдыст æр- Цæуа, куы амæлой, уæд сын сæ тæригъæдты тыххæй Цы хорзæхтæ лæвæрд æрцæудзæн, уый, стæй сæ зæх- 27
хыл сабыр æмæ закъонтæн коммæгæсæй дарын сахуыр кæнынмæ... Алы ран дæр амынд цæуы иу хъуыддаг: — Афтæ гæнæн нæй! Уымæн æмæ адæмы фылдæр кусджытæ сты... * * * Фæлæ — æнæмæнг амал кæнын хъæуы æхца æмæ, куыд зæххыл алы ран дæр, афтæ рухсджын горæты сусæг къуымты дæр хъахбайдзинад хæрам худт кæны дыдзæсгомдзинадыл æмæ мæнгарддзинадыл. Баэлвырд, хъахбайдзинад сусæггонд у, æмæ, кæй зæгъын æй хъæ- уы, — æнкъард у, уый дæр «адæмы тыххæй куы у»- Хъахбайдзинад арæзт у пайдатæ исыиы тыххæй, адæн- маджы дзыппæй куысты мызд фæцъипп кæныны фæ- рæз, æмæ дзы сыгъзæринмæ мондагдзинад ахъардта, афтæмæй ирд æрхæндæджы ацы цъымарайы уый æр- тæ хатты цъаммардæр æмæ æлгъагдæр у... Адæм пайда кæнынц уыцы хъахбайдзинадæй... ...Адæм бæзджын уылæнтæй цæуынц тынг рухсгонд хæдзæртты дыууæ рæнхъы æхсæнты æмæ хæдзæрттæ адæмы ныхъуырынц’ æххормаг дзыхтæй. Рахизæрды- гæй адæмы тæрсын кæнынц æнусон хъизæмардзинæд- ты тухитæй æмæ сын уырнын кæнынц афтæ: — Æ’нæуаг митæ ма кæн! Тæссаг у! Галиуæрдыгæй, кафæн уæрæх уаты, сындæггай зил- дух кæнынц сылгоймæгтæ. Уыцы ран æппæтдæр афтæ дзуры: — Æнаэуаг митæ кæн! Æхсызгон дын уыдзæн... — Адæмы цæстытæ къахы цырæгъты цæхæркалгæ рухс. Мондаг сæ кæны аслам, фæлæ æрттивгæ фыр- хъæздыгдзинадмæ æмæ уыдон, дзолгъо-молгъойæ ра- сыг уæвгæйæ, зилдух кæнынц фæллайынгæнæг уæззау кафты, куырмæджы цæуынц галиуæрдæм—æнæуагдзн- надмæ, рахизæрдæм та—сыгъдæгзæрдæдзинад сын кæм амонынц, уыцы хæдзæрттæм. Уыцы æнæбары рацу-бацу æмхуызон къуымых кæ- ны адæмы, æмхуызон пайда у моралæй базаргæнджы- тæн дæр æмæ хъахбайдзинад уæйгæнджытæн дæр. Цард уымæн конд у, цæмæй адæм æхсæз боны кус- ,гæ кæной, æвдæм бон та æнæуагдзинæдтæ кæной — 28
æмæ цæмæй сæ æнæуагдзинæдты тыххæй фидой, стæн цæмæй зæрдæргомгæнæн ныхас кæной æмæ уый тых- хæй дæр фидой, —гъ^е æндæр ницæй тыхх!æй! * * * Цырæгътæ змæлынц, кæй смæсты чындæуыд, ахæм сæдæгай мин кæлмыты хуызæн, бындзыты тар дзы- гуыртæй æнæбон, æнкъард гуывгуыв кæнынц адæм æмæ, сæ къæхтæ уæззау райс-байсгæнгæ, цæуынц æнæ- кæрон бирæ хæдзæртты æхсæнты, кæрæдзи æттæг-ми- дæг уайгæйæ. Тагъд нæ кæнгæйæ, сæ лопъо даст цæс- гæмттыл мидбылты худт нæ зыны, афтæмæй уыдон уæигмардæй цæуынц æппæт дуæрттыл, сырдты кълет- кæты раз бирæ фæлæууынц, æууилынц тамако æмæ чъырттытæ кæнынц. Егъау каубыд чырыны цавæрдæр адæймагдамбацайы гæрæхтæй æмæ лыстæг ехсы цæфтæй расур-басур кæ- ны бенгайлаг фæранкты. Диссаджы рæсугъд сырдтæ фæдзæгъæл сты фыр тæссæй, ницыуал уынынц цы.- рæгъты рухсмæ, фæкъуырма сты музыкæйы хъæрæй æмæ дамбацайы гæрæхтæй æмæ агъуыдæй зилдух кæ- нынц каубыд чырынты æфсæйнаг телты æхсæн, хъыр- нынц, хуыррытт кæнынц, æрттивынц сæ цæстытæ; уы- донæн зырзыр кæнынц сæ былтæ, фыр мæстæй байгом кæнынц се ссыртæ æмæ куы иу къах, куы иннæ къах тызмæг риуыгъд акæнынц уæлдæфы. Фæлæ сын лæг комкоммæ сæ цæстытæ æхсы дамбацайæ æмæ хус гилдзыты тыхджын къæркъæр, ехсы судзгæ рыст сыр- ды тыхджын, тасаг гуыры аппарынц кълеткæйы къуыммæ. Уацайраг сырд фыр- мæстæй зырзыр кæны, йæ тыхджын хæрам маст фыцы, улæфт ын нал фаг кæ- ны худинаджы уавæры хъизæмардзинæдты æмæ ис- дугмæ йæхи ныссабыр кодта кълеткæйы иу къуымы æмæ дзæгъæлгаст кæны, йæ къæдзил мæсты тылд кæн- гавйæ, кæсы æмæ кæсы... Сырды лæгъз буар æрбавæййы хæцъæфты къуы- бары хуызæн, зырзыр кæны, цæттæ у уæлдæфмæ йæхи фехсынмæ, ехс цы лæджы къухты ис, уый дзидзайы иæ ныхтæ атъыссынмæ, уый .аскъуыдтæ кæнынмæ æмæ йаэ æрбайсафынмæ... Хъандзалты хуызæн стъæлфынц сырды фæстаг 29
къæхтæ, раивæзт йæ бæрзæй, йæ цъæх гагуыты æрт- тивынц циндзинад-тугæмхæццæ сырх цæхæртæ. Æмæ уыцы тугæмхæццæ сырх цæхæртæм арæзг сты, кълеткæйы æтте æрхуы стъæлфы хуызæн æнгом: чи сæмбырд, уыцы иухуызон морæ адæмы æгъуыз, уа- зал æнхъæлмæгæсæг цæстæнгастæ. Йæ мæрдон æнæзмæлгæдзинадæй тæссаг уæвгæйæ, адæмы бардз æнхъæлмæ кæсы—уый дæр туг хъæуы æмæ йæм æнхъæлмæ кæсы маст райсыны хуызæн нæ, фæлæ афтæ, цымыдисы хуызы, раджы кæй æрсабыр кодтой, ахæм сырды хуызæн. Фæранк йæ сæр æрæлвæста уæхсчыты, æрхæндæ- гæй ныхъоппæг кодта йæ цæстытæ æмæ йæ царм уылæнтæгæнгæ, æнцадг^ай йæхи аласта фæстæмæ, цыма йын маст исыны мондагæй йæ буарыл æваст ихджын дон бакалдæуыд, афтæ. Адæймаг æхсы ’дамбацайæ, цъыччытæ кæны еЯсæй, æррайы хуызæн фæдисы хъæр кæны, — уый хъæрты бын æмбæхсы йе стыр удацстдзинад сырдæй æмæ æн- цад-æнцойæ йæ зæрдæйы дзæбæхæн адæймаджЫ) гæп- пытæм чи кæсы, уыцы фос ыл истæмæй куы фæуæла- хиз уа, уымæй тæрсгæйæ, æнхъæлмæ кæсы сырдьг ахъаззаг рабырстмæ. Адæймаг æнхъæлмæ кæсы, фæлæ не ’мбары, æрдзæй рахæсгæ зондахаст йæ зæрдæ- йы кæй рафыхт, уый, фæндыйæ тох кæнын, уый фæн- ды зæрдиагæй фестъæлфын, дыууæ буары кæрæдзи- йыл куы æртыхсой, туг куы апырх уа, æмæ тæф кал- гæ адæймаджы скъуыдтæ дзидза каубыд чырыны пъо- лыл куы ныххæлиу уа, богъбогъ æмæ æрдиаг куы райхъуыса, уæдмæ... Фæлæ фосы магъзы ахъардта алыхуызон тыхмиты æмæ тасдзинады марг, адæмы бардзы фæнды туг фе- нын, — фæлæ уый т^æрсы, фæндгæ дæр æй кæны æмæ йæ фæндгæ дæр нæ кæны ахæм хъуыддаг, æмæ уыцы мидбуары дызæрдыггаг тохы зæрдæбынæй уадзы йæ мондæгтæ, афтæмæй адæмы бардз — цары... Адæймаг сырдты иууылдæр фæтæрсын кодта, сæ къаахтæ хъæр нæкæньщц, афтæмæй фæранктæ азгъорд- той кæдæмдæр æфсæйнаг кълеткæйы, иу къуыммæ, адæймагта хидæйдзагæй æмæ абон удæгасæй кæйбаз- Зад, уымæй йæхицæй бузныг уæвгæйæ, йæ фæлурс был- 30
тæ сæхи мидæг базмæлын кæны худы, архайы йæ был- гы зырзыр бааууон кæныныл æмæ йæ сæрæй акув- акув кæны адæмы бардзы æхуыр цæсгомæн, кувы йын, цавддур зæдæн куыд куывдæуы, афтæ. Адæмы бардз богъбогъ кæны, армы тъæпæнтæй æмдзæгъд кæны æмæ фæднхтæ сау дзыгуыртыл, хæлиу кæпып райдыдта æрхæндæджы лæхъир цъымарайы, уый алыфарс. Адæймаг сырдтимæ куыд ерыс кодта, уымæ кæсы- нæй бафсæдгæйæ та, фос цæуынц ноджыдæр исты хиирхæфсæн агурыкмæ. Мæнæ — цирк. Цирчы тым- пыл фæзуаты астæу цавæрдæр адæймаг йæ даргъ къæхтæй уæлдæфмæ сæппар-сæппар кæны дыууæ сы- вæллоны. Сывæллæттæ йæ сæрмæ фæзын-фæзын кæ- пынц, сæ. базыртæ саст кæмæн сты, раст ахæм дыууæ \рс бæлоны хуызæн, хаттгай сывæллæттæ нал фæхæст вæййынц адæймаджы къæхтыл, æрхауынц зæхма*, афæлдæхы — сæ фыд у, æв’и сæ хицау у, стæй та тарстхуызæй уымæн йæ тугбадт цæсгоммæ кæсгæйæ, ногæй зилын райдайынц уæлдæфы. Аренæй’ы алыфарс æрæмбырд сты адæм æмæ кæрæдзийы сæрты хауынц. Сывæллон артисты къæхтæй куы фæбыры. уæд æппæт цæсгæмттыл дæр фæзыны циндзинад, чъизи кулы æн- цад доны дымгæ зына-нæзына куыд анхъырдтæ кæньь афтæ. Адæймаджы фæнды расыг лæджы хъæлд:»æгæй цæугæйæ, къуырдтытæ кæнгæ, заргæйæ, хъæр кæнгæ- йæ фенын, ома расыг кæй у, уымæй йæхи амондджын чи хоны æмæ йæ æппæт хæлар адæмтæн дæр йæхи хуызæн зæрдиагæй хорздзинад кæй фæнды, ахæм адæймаджы... Нæры музыкæ æмæ уæлдæф дихтæ кæны гæбазгай. Оркестр æвзæр у, музыканттæ бафæлладыстьь труба- ты зæлтæ уæлдæфы хъуысынц æмхæццæйæ, цыма Цудгæ кæнынц, афтæ, уыдонæн фадат нæй лæгъзæч хъуысынæн, уымæн æмæ къæдз-мæдзы фæндагыл згъо- Рæгау, уыдон къуырынц кæрæдзи, сæрбихъуырæйттæ кæнынц, кæрæдзи сургæйæ. Æмæ цæмæндæр адæймаг- маэ афтæ кæсы, цыма алы хицæн зæл дæр тасмачъи- йы гæбаз у æмæ уыцы гæбаз та адæймаджы цæсгомы хуызæн у æд дзых, æд цæс’тыты бынæттæ, æд фындзы 31.
хуынчъытæ æмæ йыл цыма даргъ ,урс хъустæ дæр ис. Музыкантты сæрмæ адæймаг тилы л&дзæг. Фæлæ йæм уыдон кæсгæ дæр нæ кæнынц. Адæймаг уыцы лыг- гæгтæн ныххæцы сæ хъустыл-къухтыл æмæ сæ æнæ- уынгæйæ хæрдмæ сæпПар-сæппар кæны. Уыдон кæрæ- дзийы къуырдтытæ кæнынц, уæлдæф æхситт кæны сæ дзыхты хуынчъыты’. Æмæ æппæпг уыцы змæлд иумæ у музыкæ. Цирчы барджыты бæхтæ алцæуыл дæр сахуыр сты, фæлæ суанг уыдон дæр тæрсынц æмæ ризынц ахæм музыкæйæ, сæхи дзы иувæрсты ласынц, стъæл- фынц æмæ сæ цыргъ хъустæ фæгæмæл кæнынц, цыма сæ æлхыскъ мыртæ раппарынмæ хъавынц, афтæ. Цагъарты хиирхæфсыны тыххæй мæгуырты музыкæ ■æвзæрын кæны диссаджы фантазитæ. Адæймаджы фæнды музыканты къухтæй тæккæ стырдæр æрхуы труба ратонын æмæ дзы дæ тых дæ бонæй, хъæрæй, тынг тыхджын ныддымын, агъуыд зæлы тых сæ цы уа- цармæ тæры, уырдыгæй иууылдæр алырдæм куыд фæ- лидзой, афтæ... Оркестрмæ хæстæг ис æрсыты кълеткæ; æр- сытæй иу, сæвджын, тарбур цæстытимæ хинæйдзаст .лæууы кълеткæйы астæу æмæ уыцы иухуызон тылд кæны йæ сæр. Æвæццæгæн уый афтæ хъуыды кæны: — Ацы митæ зондджын хъуыддагыл уæд банымай- дзынæн, æмæ мын куы бамбарын кæной, уыдон кæй сты, адæмы къуырмагæнæн, адæмы зонд фæливæн бар- вæндонæй арæзт хъуыддæгтæ. Кæй зæгъын æй хъæуьь уæд цы хæс æвæрд цæуы, уый дæр у, цы мадзæлттæ арæзт цæуы, уыдоны аккаг. Фæлæ кæд адæм зæрдиа- гæй афтæ хъуыды кæнынц, æмæ æппæт уыдæттæ хи- ирхæфсæн сты, уæд æз нал æууæндын уыдоны зон- дыл!.. Дыууæ æндæр арсы бадынц кæрæдзийы комкоммæ, цыма шахмæттæй хъазынц, афтæ. Цыппæрæймаг арс, сагъæсгæнгæ, хъæмп æмбырд! кæны кълеткæйы иу къуыммæ æмæ йæ дзæмбыты сау ныхтæ фæхæцынц æфсæйнæгтыл. Арсы хæмхудтæ сты фæсмонгонды æн- гæс-æнцад. Æвæццæгæн, уый ницæмæ æнхъæлмæ кæсы ацы царды æмæ хъавы схуыссынмæ... Сырдтæ æвзæрын - кæнынц лæмбынæг къæрцхъус- дзинад — адæмы тар цæстæнгас æнæсцухæй арæзт у 32
уыдонмæ, цыма фæранктæ æмæ пантерæты рæсугъд Оуары сæрибар æмæ тыхджын змæлдтыты раджы цы- дæр ферох æмæ уый агурынц. Адæм лæууынц кълеткæты раз, сæ зыхъьгрты сын лæдзджытæ атъысс- атъысс кæнынц æмæ æнæдзурпæйæ сырдтæн рæхо- йынц сæ гуыбынтæ, сæ фæрстæ æмæ сæ цæст дарынц: цымæ цы уыдзæн? Сырдтæй адæмы зæрдæйы уагимæ чи нæма базон- гæ, уыд’он сæм мæсты кæнынц, сæ дзæмбытæй цæ- вынц кълеткæты æфсæйнæгтæ æмæ богъ-богъ кæнынц, фыр мæстæй сæ зырзыргæнгæ дзыхтæ гом кæнгæйæ. Уый — зæрдæмæ цæуы. Адæмы сырды цæф- тæй хъахъæны æфсæйнаг, æдасдзинады кæй сты, ууыл зæрдæ даргæйæ, адæм æнцад-æнцойæ кæсынц сырдты туджы зилгæ цæстытæм æмæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн сæ мидбылты худынц. Фæлæ сырдтæн еæ фылдæр дзуапп нæ дæттынц адæмæн- Лæдзæгæй сæ куы ныццæвынц кæнæ сыл куы бату кæнынц, уæд уы- дон æнцадгай сыстынц æмæ сæ бафхæрæгмæ кæсгæ дæр нæ ракæнынц, ацæуынц кълеткæйы дард къуыммæ. Уым талынджы хуыссынц тыхджын, рæ- сугъд домбайтæ, фæранктæ, пантерæтæ, леопардтæ, æмæ талынджы сæ тымбыл цæсты гагуытæ адæмма^ æнæуынондзинады цъæх арт] уадзынц... Адæм та ма сæм ноджыдæр иу хатт бакæсынц æмæ, алырдæм цæугæйæ, ф^аззæгъынц афтæ: — Уый — æнкъард сырд у... * æ * Музыкантты оркестр йæ тых-йæ бонæй цæгъды цавæрдæр тар, уæрæх комы тымбылгомау бацæуæны раз. Комы мидæгæй бандæтты æнцойгæнæнтæ зынынц дæндæгты рæнхъыты ’хуызæн. Музыкантты раз сагъд ис цæджындз. Цæджындзыл лыстæг рæхысæй баст сты дыууæ маймулийы — мад æмæ йæ лæппын. Лæп- пын йæхи æнгом æрбалвæста мады риумæ, йæ хæрз гыццыл æнгуылдзджын даргъ лыстæг къухтæ йын йæ фæсонтыл дзуарæвæрд скодта; мад йæ иу къухæй йæ ^æппыны æрбахъæбыс кодта, йе ’ннæ къух та йæхи бахъахъæныны тыххæй размæ раивæзта æмæ йæ æн- гуылдзтæ фыр тыхстæй сыздыхстытæ сты æмæ сты М Горький. 35
исты æрцъæррæмыгъстытæ, æрцæвын æввонг. ^Мады цæстытæ ныйирд сты, уыдоныл зыны стыр хъыгдзинад^ фервæзæн кæмæй нæй, ахæм мастмæ æнхъæлмæ кæ- сыны дудгæ рыст, фæллад хæрамдзинад æмæ хъын- цъым. Лæппын йæ мады риуыл сæвæрдта йæ уадул„ зулаив, уазал цæстæнгасæй тарст хуызæй кæсы адæм- мæ,—уый, æвæццæгæн, йæ царды фыццаг бон бал~ гъæд мæстæй æмæ тасдзинад бынтонд!æр баззад йе уæнгты. Мад йæ лыстæг урс дæндæгтæ ныззыхъыр кæ- ны æмæ иудадзыгдæр йæ иу къухæй йæ риумæ æлхъи- вы йæ хъæбулы, йе ’ннæ къухæй та æппынæдзух йæхя хъахъæны, йæ хъизæмармæ кæсджытæ йæм цы лæдз- джытæ æмæ зонтиктæ дарынц, уыдонæй- Хъизæмарæй йæ чи мары, уыдон бирæ сты. Уыдон сты урсцъар хъæддæгтæ, нæлгоймæгтæ æмæ сылгой- мæгтæ, сæ сæртыл ис котелоктæ æмæ шляпæтæ си- стимæ æмæ сеппæтæн дæр æнæкæрон тынг æхсызгон у„ маймули-мад йæ лæппын цырддзастæй куыд хъахъæ- цы чысыл ныццæвынæй дæр, уымæ кæсын... Маймули йæ мидбынат, тæбæгъæй стырдæр чи нæу, ахæм ран зилдух кæны, тас ын у, чи йæм кæсы, уыдо- ны къæхты бынмæ цæсты фæныкъуылдмæ куы ’рхауа. уымæй æмæ æвæллайгæйæ схойы æмæ схойы, йæ лæп- пынмæ йын - цыдæриддæр февналынмæ /хъавы, уый. Хаттгай нæ сарæхсы цæфæн ныхкъуырд раттыимæ æмæ уæд зæрдæрисгæйæ ныхъыллист кæны. Маймули- йы, къух раст ехсы хуызæн, йæ алыфарс тагъд тыхсы æмæ тыхсы, фæлæ адæм тынг бирæ сты æмæ сæ ал- кæйы дæр тынг фæнды маймулийы ныццæвын, йсе къæдзилæй, йæ хъуырыл цы рæхыс ис, уымæй йæ раи~ вазын. Цы кæна, мæгуыр, маймули? Æмæ йæ цæсты* тæ æнкъардæй тъæбæрттытæ кæнынц, йæ дзыхы алы- фарс фæзыны масты æмæ рызты æнцъылд?гæ. Лæппыны къухтæ æлвасынц мады риу. Уый мадмæ* йæхи афтæ æнгом балхъивы, æмæ хæрз стæмтæй фæ- стæмæ йæ мады тæнæг цармы хъуынты йæ .æнгуылдз- тæ зынгæ дæр нал фæкæнынц. Лæппыны цæстыгæ æдзынæг кæсынц, сæ разы йæ тарст чысыл æхсызгон- дзинад кæмæн дæтты, уыцы цæсгæмтты бур стъæлфы- тæм адæмы т’ар’ "цæстытæм... Хаттгай музыканттæй иу кæнæ иннæ йæ трубайьр 34
æрхуы æдылы зæмбын саразы маймулимæ æмæ йæ къæркъæргæнаг зæлты бын фæкæны^—маймули йæки пылхъивы, йæ дæндæгтæ ныззыхъыр кæны æмæ музы- кантмæ кæсы. сырддзастæй... Адæм худынц, бузныг сты музыкантæй æмæ йæм сæ сæртæ разыйы тылд кæнынц. Музыкант дæр разы у йæхицæй æмæ та уайтагъддæр йæ митæ ногæй рай- дайы. Кæсджыты '’хсæн ис сылгоймæгтæ; æвæццæгæн дзы иуæй-иутæ сты мадæлтæ. Фæлæ уыдонæй иу дæр ницы дзуры æнæуаг хиирхæфсæны ныхмæ. Сеппæтмæ дæр хорз нæсы ахæм хиирхæфсæн... Иуæй-иуты цæстытæ нытътъæпп кæнын æввонг вæййынц мады хъизæмардзинæдтæм æмæ уымæн йæ лæппыны тарстдзинадмæ фырзæрдиаг кастæй. Оркестры’ фарсмæ’ кълеткæйы ис пыл. Уый у яцæргæ господин, йæ сæры царм хафт æмæ æрттиваг. Господин йæ дæргъæй-дæргь’мæ фындз атъыста, кълет- кæйы æфсæйнæгты æхсæнты аймæ йæ сæрысты- рæй ратил-батил’ кæны, адæмыл фæлгæсгæйæ. Æмæ хъуыды кæны, зæрдæхæлар æмæ æмбаргæ фосы хуы- зæн: — Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы цъаммарты ардæм æрбамарзта æрхæндæджы чъизи уисой æмæ фæстиат нæ фæуыдзысты сæ пехуымпартæй хынджылæг кæ- ныныл дæр,—афтæ фехъуыстон æз зæронд пылтæй дæр. Фæлæ—уæддæр тæригъæд кæнын маймулийæн... Æз ноджы фехъуыстон, хъæддаг куыйты, фыдхор цæрæгойты хуызæн, адæм дæр хаттгай кæрæдзийы кæй ныббыгъуы кæнынц, уый, фæлæ уымæй маймули- йæн æнцондæр, м,'ийаг, нæу, нæ æппындæр ын нæу.æн- Цондæр!.. ...Кæсыс, йæ хъæбулы бахъахъæнын йæ бон кæмæи пæу, уыцы мæстджын мады дыууæ цæстмæ æмæ адæй- магæй йæ буары стыр тарстдзинад кæй бацыд, маймули- йы уыцы хъæбулы цæстытæм, кæсыс, удæгас цæрæго- йы хъизæмардзинæдтæй хиирхæфсынмæ цæттæ чи у, Уьщы адæммæ æмæ, маймулимæ дзургæйæ, дæхи ны- Ма^р зæгъыс афтæ: ~— Цæрæгой!.Бахатыр сын кæ! Æрцæудзæн рæстæг, æмæ уыдон фæзондджындæр уыдзысты...
Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм хъуыды худæг æмæ æдылы у. Стæй дзы ницы пайда ис. Æвæццæгæн ахæм мад нæ разындзæн, æмæ йæ сывæллоны тухитæ чи ныххатыр кæна; мæнмæ гæсгæ ахæм мад куыйты æх- сæн дæр нæй... Кæд, мийаг, хыутæ сты ахæмтæ... * * * Афтæ, уæдæ гъе... Куы бахсæв вæййы, уæд океаныл æваст ныррухс вæййы ирд, алæмæты горæт. Горæт иууылдæр у рух- сæй конд. Уый мынæг нæ кæны, афтæмæй судзы æмæ судзы æхсæвы тар арвы бын, йæ рæсугъддзинлд океаны уылæнты уæрæх æрттывды æвдисгæйæ. Горæты æрттивгæ агъуыстыты, ’хсæн, мæгуыргуры бызгъуырты сысты хуызæн, æнкъардæй хилынц æмæ хилынц дæсгай мин æнæуд адæмтæ, æгъуыз цæсты- тимæ. Хæдзæрттæ сты зыд æмæ цъаммар хуыз. Уыдон адæмæн æвдисынц сæ зæрдæхæссæн æргом мæнгард- дзинад æмæ сæ хиндзинады æдылыдзинад, сæ дыдзæс- гомдзинад æмæ сæ зыддзинады æнæфсис тых. Æнæуд рухсы уазал «æрттывд алы ран дæр æргом кæны цы- йырзонддзинад æмæ, сæрыстырæй æрттивгæйæ, зыны адæмты алыфарс æппæтыл дæр... Фæлæ адæмæн уыцы рухс бынтондæр сæ цæстытæ къахы, ницыуал уынынц æмæ цингæнгæ, æнæ дзургæ- йæ нуазынц, сæ зæрдæтæ сын чи халы, уыцы хъылма. Гъе, æмæ ахæм уæнгмард кафты уæззау зылд кæ- ны æнкъарддзинад, йæ фыр æдыхæй хъизæмар кæнгæ- йæ, мæлæг уд йæ гæндзæхтæ куы цæгъда, уыйау- Æрмæст иу хорз хъуыддаг ис рухс горæты—уым цæргæ-цæрæнбонты зæрдæйы фаг бафсæдæн ис æды- лыдзинадмæ æнæуынондзинадæй... 1906 аз. «МОБ» ...Мæ уаты рудзынг арæзт у фæзы ’рдæм. Фондз уынджы бон-изæрмæ уыцы фæзмæ калынц æмæ ка- лынц- адæмы, раст цыма голджытæй картоф калдæуы, 36
афтæ. Адæм дзолгъо-молгъо кæнынц, уайынц, стæй та ногæй цыдæр æрбавæййынц уынгты. Фæз тымбыл æмæ чъизи у, бирæ рæстæг дзидза кæуыл физонæг кодтой,. фæлæ æппындæр сыгъдæг кæй никуы ныччындæуыд, ахæм тебæйы хуызæн. Уыцы къуындæг фæзмæ цæуынц трамвайы цыппар фæндаджы, минутæй-минутмæ адæ- мæй сæ тæккæ дзаг вагæттæ бырынц рельсытыл, фæзи- лæнты зæрдæ схъауæг хъыррыст.-хъыррыст кæнгæйæ. Вагæттæ сæ фæндагыл тауынц æфсæйнаджы удаист- тагъд-тагъд дзæхст-дзæхст, сæ сæрмæ æмæ сæ цæлхы- ты бын электрон тых мæсты гуывгуыв кæны. Рыгæй- дзаг уæлдæфы апырх рудзгуыты æвгты æнахуыр зыр- зыр, рельсыты хъырнгæ хъæр. Æнæсцухæй ниуы æмæ ниуы горæты цъаммар музыкæ—гуымиры зæлтыхьæд- даг быцæу. Мыртæ кæрæдзи кæрдынц, кæрæдзи хурх кæнынц, æмæ адæймагмæ æвзæрын кæнынц æнахуыр æмæ æнкъард хъуыдытæ’. ...Цавæрдæр æрраты бардз ифтонг у стыр аркъау- тæй, кæрдтæй хырхытæй æмæ æфсæйнагæй цыдæрид- дæр скæнæн ис, ахæм дзауматæй æмæ стымбыл уаллæт- ты хуызæн, æрратæ æрæмбырд сты, зæххыл уæлгоммæ цысылгоймаг лæууы, уый уæлхъус. Уыдон сышгойма- джы рацахстой сæ зыд къуктæй, æрфæлдæхтой йæ зæххыл, цъыфы, рыд)жы æмæ йьш ратон-батон кæнынц йæ риутæ, кæрдынц ыц йæ дзидза, нуазынц ын йæ туг, тыхмитæ йын кæнынц æмæ куырмæд(жы, фыр зыдæй æвæллайгæйæ хыл кæнынц сылгоймаджы уæлхъус,. хыл кæнынц уый тыххæй. Уыцы сылгоймаг чи у, уый нæ зыны. Адæм ыл сæ- хи ныккалдтой цæнды хуызæн, алырдыгæй йæм лæбу рынц, сæ цола буæрттæй йæ æрæлхъывтой, писийьг хуызæн ыл ныхæсынц, зыд былтæн кæмдæриддæр бы- нат разынд сылгоймаджы буарыл, æмæ йын йæ алы ранæй дæр цъирынц йæ туг... Адæм фыр æххормагæй„ аэнæрынцой-зыдæй сæ амæттагæй иуварс кæрæдзийы зыгъгъуыттытæ кæнынц алырдæм, кæрæдзи нæмынц, ссæндынц, кæрæдзи стджытæ мур кæнынц, иу иннæйы ^рвиты мæрдтæм. Алкæйы дæр фæнды, сылгоймаджы буарæй цас амал ис, уый бæрц фылдæр ратонын, æмае æнæхайæ куы баззайой, ууыл иууылдæр фыр тыхстæй зырзыр кæнынц. Хъысхъыс кæнынц сæ дæн- 3?
дæгтæ, æфсæйнаг сæ къухты дзыгъал-мыгъул кæны. -Фыр рыстæй хъæрзын, фыр зыдæй дзыназын, фæсмоны хъæртæ, æххормагдзинады мæсты богъбогъ,—æппæт уыдæттæ сты фыдохы ниуд сæ амæттаджы уæлхъус, бирæ фыдмитæй кæй ныббыгъуы кодтой, тыхми кæмæн бакодтой, зæххы æппæт алыхуызон чъизитæй кæй са- хуырстой, уый уæлхъус. Æмæ састы бынаты чи баззад, уыдоны тæригъæд- даг æрхæндæгимæ иу свæййы уыцы хъæддаг ниуд. Састы бынатъг чи баззад, уыдон иуварс æппæрст æрцы- дысты æмæ уым æххормаг, зæрдæхæссæн ниуд кæ- нынц æфсæст уæвыны амондмæ бæлгæйæ; æфсæст уæ- выны амондыл тох кæнын сæ бон нæу, тæппуд æмæ лæмæгъ сты. Гъе, уый æвдисы горæты музыкæ. * * * Хуыцаубон. Адæм кусгæ нæ кæнынц. Уымæ гæсгæ бирæ цæсгæмттыл зыны æнкъард дызæрдыгдзинад, суанг удаистдзинад. Зноны бонæн уыдис хуымæтæджы, бæлвырд ахадындзинад—рай- сомæй изæрмæ кусгæ кодтой. Бæлвырд афон рай- хъал сты, ацыдысты фабрикæтæм, къантортæм, уынг- тæм. Лæууыдысты æмæ бадтысты, кæм сахуыр сты, уыцы бынæтты æмæ сæм уыдон кастысты, куыд æм- бæлы, ахæм бынæттæ. Нымадтой æхца, уæй кодтой дыдæртæ, къахтой зæхх, калдтой бæлæстæ, амадтой дуртæ, хуынкъ кодтой æмæ цагътой æфсæйнаг—иу ныхасæй, бон-изæрмæ куыстой къухтæй. Фæлладыл ахуыр сты æмæ та схуыссыдысты, абон та райхъал сты, æмæ æвдæлондзинад комкоммæ фæрсæгау кæсьт цæстытæм æмæ домы, цæмæй йæ дзæгъæл рæстæг истæуыл хардзгонд æрцæуа... Адæмы кусын сахуыр кодтой, фæлæ сæ цæрын нæ ахуыр кодтои æмæ уымæ гæсгæ æнцойбон уыдонæн у уæззау бон. Машинæтæ, храмтæ, егъау наутæ æмæ сыгъзæринæй лыстæг, рæсугъд дзауматæ аразын сæ бон кæмæн у» уыцы кусæнгæрзтæ нæ æнкъарынц, ахуыр, хæддзу куыстæй дарддæр æндæр истæуыл рæс- тæг æрвитын сæ бон у,- уььй. Уыдон сты гæбæзтæ, хæйттæ æмæ æнцад сты, сæхи удæгас адæм хонынц 38
фабрикæты, къанторты, уым уыдон сæхи хуызæк дæйттимæ баиу вæййынц иу æнæхъæн организмы æмæ сæнервыты сойæ тагъд-тагвд аразынц зынаргъ дзау- матæ, фæлæ уыдон сæхицæн арæзт нæ цæуынц. Къуырийы æхсæз боны цард у хуымæтæджц цард— сгъау машинæ, адæм та иууылдæр уымæн сты йæ хæйттæ, алы хай дæр йæ бынат зоны уыцы машинæ- йы, алчи дæр хъуыды кæны, цыма уыцы машинæйы куырм, чъизи цæсгомы зоны æмæ йæ æмбарьь афтæ. Æвдæм бон — фæлладуадзæн æмæ æвдæлон бон та — цард адæмы раз æрлæууы æнахуыр хуызы, йæ цæсгом .асæтты—цард æрбайсафы йæ цæсгом... Адæм ахæлиу сты уынгты, бадынц нуазæндонгы, парчы, уыдысты аргъуаны, лæууынц уынгты тигътыл- Алы хатты хуызæн, адæм змæлынц, фæлæ ’афтæ зыны, цыма уыцы змæлд минуты кæнæ сахаты фæстæ ныллæу- дзæн,—цыдæр нæ фаг кæны царды æмæ йæм ногæй цыдæр æрбацæуынмæ хъавы. Ничи æмбары йæ æн- къарыйдзинад, уыцы æнкъарындзинад ныхæстæй зæгъын йæ бон никæмæн у, фæлæ иууылдæр тынг зы- нæй æнкъарынц цыдæр æнахуыр хъуыддаг, катай кæ- нынц. Цардæй ахаудысты, адæм кæй æмбæрстой, уыцы хъуыдытæ, мылытæй дæндæгтæ куыд разгъæлой, афтæ. Адæм цæуынц уынгты, бадынц вагæтты, ныхас кæнынц, бакæсгæйæ, иууылдæр сабыр зынынц, кæрæ- дзийы ’хорз æмбарынц,—афæдзы дæргъы вæййы дыу- уадæс’ æмæ ^ыууиссæдз хуыцаубоны æмæ уыдон сахуыр сты иу хуыцаубон иннæ хуыцаубоны хуызæн æрвитын. Фæлæ алчи дæр æнкъары, знон куыд уыд, ахæм кæй нал у, æмæ йæ æмбал дæр ахæм кæй нал у, уый,—кæмдæр мидæгæй уигъы зæрдæ ’лвасæг аф- тиддзинад æмæ, чи зоны, хъуамæ уыцы афтиддзинады аеваст ныззæланг кæна цыдæр æнæмбæрстгонд, æнæн- цойдзинад: чи зоны, æмæ—стыр тæссагдзинад... Адæймаг æмбары, фарста зæгъыны амал ын кæп ис, уый, æмæ йæм уый инстинктивон æгъдауæй æвзæ- рын кæны фæндон, уыцы амалимæ цæмæй ма сæмбæ- ла, уый тыххæй... Адæм бар-æнæбары дæр сæхи æлхъивынц кæрæдзи- ^ае, къордтæ-къордтæ кæнынц, æнæдзургæйæ лæууынц 39
уынгты фисынтыл, сæ алыфарс цыдæриддæр ис, уьь донмæ ракæс-бакæс кæнынц, уыдонмæ ма ноджыдæр цæуынц æмæ цæуынц удæгас къæрттытæ æмæ иу æнæ- хъæн саразынмæ хæйтты тырнындзинад—аразы адæ- мы бардз. Адæм сабыргай иугай-иугай æфтынц кæрæдзн- уыл,—раст æфсæйнаджы хафæнты магнит куыд æлваса, афтæ сæ иумæ æмбырд кæны сæ катайдзинад. Хæрз стæмтæй фæс^æмæ кæрæдзимæ кæсгæ дæр нæ кæнынц^ афтæмæй адæм кæрæдзийы фарсмæ æрлæууынц, æи- гомдæр кæнынц кæрæдзимæ æмæ сæ афтæмæй рауад уыцы иу сау гуыр, бирæ сæртимæ. Гуыр æнæ змæлгæ æнцад лæууы, цæмæдæр æнхъæлмæгæсгæ. Арæзт æр- цыд гуыр æмæ уайтагъддæр равзæрд уд, стæй арæзт æрцæуы фæтæн, æнкъ’ард цæсгом æмæ сæдæгай æгъуыз цæстытæ кæсын райдайынц уыцы иухуызон, кæсынц иу уагыл—гуырысходзинады æнхъæлмæкæсæг цæсгæн- гасæй. Уыцы цæстæнгас æнæмбаргæйæ агуры, зæрдæ йæм тарст хуызæй цы æнахуыр фæндон æвзæрын кæ- ны, уый. Афтæ æвзæры тæссаг цæрæгой. Уый хуыйны «Моб» — адæмы бардз. * * * ...Иннæ адæмæй истæмæй æндæрхуызон чи вæййы, исты æндæрхуызон дарæс кæуыл вæййы, кæнæ та ин- нæ адæмæй тагъддæр къахдзæфтæгæнгæ исчи куы фæ- цæй цæуы, уæд «Моб» йæ цæстæнгас аздахы уымæ, йæ сæдæгай сæртæ аздахы уый ’рдæм æмæ дзы йæ сæдæ- гай цæстытæ нал фæисы. Уый иннæ адæмы дарæсы хуызæн цæуылнæ дары? Уый гуырысхойаг у. Æмæ цæмæн хъуамæ цæуа уый афтæ тагъд ацы уынджы, адæм иууылдæр сабыр куы цæуынц, уæд? Цыдæр дзы ис... Дыууæ æрыгон адæймаджы фæцæуынц уынджы æмæ хъæрæй худынц «Моб» сæм йæ хъус лæмбынæг дары. Цæуыл хъуамæ худтæуа, æппындæр бамбарæн кæм ницы ис, уыцы царды, куыст куы нæ ис, уæд? Уыцы худт цæрæгоймæ æвзæрын кæны рог маст. Уый хæрам у хъæлдзæгдзинадмæ. Къорд сæры тызмæгæй. 40
паздæхтысты хъæлдзæг адæймæгты фæстæ æмæг хъуырхъуыр кæнынц... Фæлæ «Моб» йæхæдæг дæр фæхуды, газеттæ уæй гæнæг фæзы трамвайы вагæтты ’хеæн удаистæй раз- гъор-базгъор куы фæкæны, вагæттæ йæ алырдыгæп куы фæсурынц æмæ уæйгæнæджы куы ацъаэл кæной> уымæй йын тæссаг куы вæййы, уæд. Мæлæтæй тæссаг кæмæй у, уыцы тасдзинады «Моб» æмбары, царды су- сæг дзолгъо-молгъойы та цыдæриддæр æмбары, уый йæ хъæлдзæг кæны... Мæнæ горæты автомобилы фæцæуы æнæхъæн го- рæтæн æмæ суанг æппæт бæстæйæн дæр зындгонд эдæймаг. Хицау «Моб» уымæ ’кæсы тынг дис кæнгæ- йæ, уый йæ цæстытæ сарæзта уыцы иу ранмæ иу рух- сы тыны хуызæн æмæ уыцы тын хæлардзинады тар æрттывдæй рухс кæны хицауы мæллæг бур цæсгом. Суанг лæппынæй кæй сахуыр кодтой, ахæм зæронд. æрсытæ дæр ма афтæ фæкæсынц сæ ахуыргæнæгмæ. «Моб» æмбары йæ хицауы, уымæн æмæ йæ хицау тых- джын у. Уый стыр лæг у—мингай адæмтæ кусынц, цæмæй хицау цæра, уый тыххæй, мингай адæмтæ! <-Моб»-æн хицаумæ ис бæлвырд хорздзинад, — хццау уымæн дæтты куыст. Фæлæ мæнæ трамвайы вагоны бады урсрихи тызмæг лæг, мæсты каст кæны. «Моб» дæр зоны, уыцы лæг чи у, уый, арæх фæфыссынц уый тыххæй газетты, куыд паддзахады фехалынмæ чй хъа- вы, æппæт фæбрикæтæ, æфсæнвæндæгтæ, наутæ—иу ныхасæй æппæты дæр байсынмæ чи хъавы, ахæм зонд- хъуаг адæймаджы тьгххæй1... Газеттæ дзурынц, зæгь- гæ, дам, уый æдылы æмæ худæджы хъуыды у. Адæмы бардз зæронд лæгмæ кæсы уайдзæфгæнгæ, æмæ йыл пæ зæрдæ худы, зынæрвæссон æм кæнгæйæ. Æррамæ- адæм кæддæриддæр цымыдис каст фæкæнынц. «Моб» алцы дæр æмбары, алцы дæр уыны. Уымæч. йае бон нæу, цы уыны, ууыл хъуыды кæнын, уымæн ^æ УД дæрш æмæ йæ зæрдæ дæр бандзыг сты æмæ сæм "ицы хъары. ...Адæм цæуынц æмæ цæуынц кæрæдзийы фæстæ ^мæ бæрæг нæу, диссаг у," бамбарæн нæй—кæдæм ^мæ цæмæн цæуынц, уый? Уыдон æгæр бирæ сты æма? æфсæйнаджы, хъæды, дуры муртæй дæр алыхуызон- 4Т
лæр сты, æхцатæй, дзауматæй знон цæрæгойтæ цы кусæнгæрзтæй куыстой, уыдонæн сеппæтæй дæр алы~ .хуызондæр сты. Уыцы хъуыддагмæ мæсты кæны «Моб». «Моб» зына-нæзына æнкъары, æндæр, уый царды хуызæн арæзт чи нæу, æндæр æгъдæуттæ кæм ис, ахæм цард кæй ис, уый, иу ныхасæй, æбæрæг бæл- .лицтæй дзаг чи у, ахæм цард... Тасдзинадмæ æнхъæлмæ кæсыны гуырысходзинад .цæрæгойты уæнгты сындæггай хизы, цъæррæмыгъд кæ- ны цыргъ судзинтæй. Цæрæгойты цæстытæ кæнынц тарæй-тардæр, сæ æнгом, æнæконд буар катайгæнгæ йæ, фестъæлф-фестъæлф кæны, цæй тыххæй у, уый не ’мбаргæйæ... Куы иу ранæй, куы иннæ ранæй фæзынынц адæм, _уайынц вагæттæ, автомобилтæ... Дуканиты рудзгуы- тыл цавæрдæр æрттиваг дзауматæ мæстæй марынц .адæймаджы. Уыцы дзауматæ цæй тыххæй сты, уый бæрæг нæу, фæлæ уыдон адæймаджы цæстæнгас зда- хынц сæхимæ, адæймаджы фæнды, уыцы дзаумата* йæхи куы уаиккой, уый... «Моб» тыхсы... Уый ацы царды йæ иунæгдзинад бæлвырд не ’мба- ры, не ’мбары, хæрз арæзт адæм æй кæй ницæуыл ны- майынц, уый. «Моб» уыны, уыцы; хæрзарæзт адæмтæн сæ бæрзæйтæ куыд хæрзæхсад сты, сæ къухтæ куыд лыстæг æмæ урс сты, фыр æфсæстæй сæ цæсгæмттæ куыд лæгъз сты æмæ куыд æрттивынц, уый—бар-æнæ- бары дæр—цæстытыл ауайы,. уыцы адæм алы бон дæр цы хæринаг хæрынц, уый. Æвæццæгæн, уыцы ха; ринæгтæ диссаджы хæрзад сты, адæймаджы царм сæ афтæ хорз кæд æрттивы æмæ афтæ рæсугъд тымбыл гуыбынтæ кæд æвæрын кæнынц, уæд... «Моб» хæлæг ’кæны уыцы хæринæгтæм æмæ йæ шшы дæттæ уайынц... Зынаргъ æмæ рог коляскаэты цæуынц рæсугъд> нарæгастæу сылгоймæгтæ. Уыдон æнæуаг уагъд сæхн базтыл акодтой, сæ гыццыл къæхтæ радаргъ кæнгæйæ, -сæ цæсгæмттæ сты стъалыты хуызæн, сæ рæсугъд цæ- стытæм сын адæймаг æнæ бахудгæ нæ лæууы. — Æрбакæсут-ма, куыд рæсугъд стæм!—æнæдзур- (гæйæ афтæ зæгъынц сылгоймæгтæ. 42
Лдæм лæмбынæг кæсынц æмæ уыцы сылгоймæгты барынц сæ устытимæ. Уыдонæн сæ устытæ царм æмæ стджытæ сты, кæнæ та æгæр ставд вæййынц, æдзух- даер зъщ сты æмæ арæх рынчынтæ кæнынц. Уæлдай арæхдæр риссынц сæ дæндæгтæ æмæ нал фæкусынц сæ ахсæнтæ. Стæй сæ кæрæдзиимæ æдзухдæр хыл кæнынц. «Моб» йæхл нымæр афт^æ хъуыды кæнщ, цыма мæ нæ коляскæты цы сылгоймæгтæ бады, уыдоны рабæгъ- нæг кодта æмæ сын сæ риутыл, сæ зæнгтыл йæ къух- тæ æрхæссы. Æмæ сылгоймæгты бæгънæг, нард, тьш- пыр æрттивгæ буар йæ цæстытыл уайгæйæ,—«Моб»-æн йæ бон нæу нæ бадис кæнын; уый хъæрæй йæхицæн дзуры, тæвд, сойджын хиды тæф чи кæны, ахæм ны- хæстæ, уæззау, чъизи къухæй уадулы ныццæвыны хуы- зæн цыбыр æмæ ты^джын ныхæстæ... «Моб»-ы хъæуы сылгоймаг. Уымæн йæ цæстытæ цæхæртæ калынц æмæ зыд хъæбыстæ кæны, йæ фæр- сты чи згъоры, уыцы рæсугъд сылгрймæгты. Ратæх-батæх кæнынц сывæллæттæ, хъуысы сæ ху- дын, сæ хъæр. Сывæллæтты уæлæ ис сыгъдæг дарæс, сты æнæниз, сæ зæнгтæ сты æмраст æмæ рæсугъд- Сырхуадулджынтæ, хъæлдзæг... «Моб»-ы сывæллæттæ та сты царм æмæ стæг, бур, сæ зæнгтæ сты зылынтæ. Царды арæх вæййы зылын- къах сывæллæттæ. Чи зоны, æмæ уыцы хъуыддаджы мадæлтæ сты аххосджын, æвæццæгæн, куы фæарынц, уæд цы нæ фембæлы, ахæм исты дæр бакæнынц... Уыцы сывæллæтты йæхи сывæллæттимæ абаргæйæ, «Моб» хæлæг кæны. Æмæ ма уæд адæмы мастыл æфтын райдайы хæ~ рамдзинад. Уыцы хæрамдзинад та кæддæриддæр рав- Зæры хæлæгдзинадæй. Сау, егъау буар уæззау змæлд кæны, сæдæгай цæстытæ ныккомкоммæ сты, цы нæ зонынц æмæ цц не ’мбарынц, уыдæттæм... «Мо1б» æнкъары, кæмдæр ын хин тыхджын, алы ран дæр хæлиугонд æмæ уымæ гæсгæ æрцахсæн кæ- Маен нæй, ахæм знаг кæй ис, уый. Уый кæмдæр хæстæг пс> фæлæ нæ зыны. Уый аив дзауматы иууылдæр, рæ- сУгъд сылгоймæгты, сырхуадул сывæллæтты, коляскæ- Ть*> æрттиваг дари хъуымæцты йæки бакодта æмæ сæ 43
уары, кæмæндæриддæр æй фæнды, уыдонæн, æрмæст «Моб»-æн нæ. Знаг «Моб»-æй йе сæфт уыны, хъуыды дæр ,æй нæ кæны, раст «Моб»-æн уый куыд хæрам æмæ æнæуынон у, афтæ... «Моб» агуры, скары, æппæтмæ дæр йæ цæстдары. Фæлæ æппæтдæр куыд уыд, афтæ у æмæ кæд уынгты царды ногæй, кæй не ’мбары, ахæмæй бирæ цыдæртæ ис, уæддæр уыдон уайынц йæ иуфæрсты, нæ ныдзæ- вынц, йæ хæлардзинадыл искæйы æрцахсынмæ æмæ йæ ныцъист кæнынмæ уымæ цы æбаэлвырд фæндон ис, ууыл. Фæзы астæуæй лæууы пъæлицæйаг цъæх шляпæйы. Йæ даст цæсгом æрттивы æрхуыйы хуызæн. Уыцы адæймаг æнæбасæттгæ тыхджын у, уымæн æмæ йæ къухы ис, зды уагъд кæм ис, ахæм цыбыр ставд лæ- дзæг. «Моб» зулаив кæсы уыцы лæдзæгмæ. Уымæн зон- гæ сты лæдзджытæ, ахæм лæдзджытæ уый федта са*- дæгай минтæ æмæ иууылдæр сты—хуымæтæджы хъæд кæнæ æфсæйнаг. Фæлæ уыцы цыбыр æмæ тымбыл лæдзæджы æм- бæхст ис, йæ ныхмæ цæуæн кæмæн нæй, ахæм дæлн- моны тых. Ахæм тыхы ныхмæ æрлæууыны фадат нæй. «Моб» æнæмбаргæ хæрам - у æппæтмæ дæр, уый мæсты кæны, уый цæттæ у цавæрдæр стыр бæллæхы хъуыддаг бакæнынмæ. Æмæ æнæбары йæ цæстытæй рабар-бабар кæны цыбыр, къуымых лæдзæг... Æнæмбаргæдзинады тар хæррæгъты кæддæриддæр æнцадгай судзы тасдзинад... * * * Цард йæ æвæллайгæ змæлды абухы æппынæдзух, Кæцаэй йæм ис, цыма, ахæм хъару, «Моб» куы нæ кусы, уæд? Æмæ адæмы бардз бæлвырдæй-бæлвырддæр æмбары йæ иунæгдзинад, æнкъары цавæрдæр сайд- дзинад æмæ, тынгæй-тынгдæр мæсты кæнгæйæ, цырд- дзастæй агуры, йæ къух цæуыл æрхæсса, уый. Уый ныр къæрццхъусдæр æмæ тынгæй-тынгдæр æм^ баргæ кæны—иу ахæм ног хъуыддаг дæр нæ уыдзæн, æмæ кæй нæ бафиппайа. Ныр уый худы карзæй æмæ 44
хæрамæй æмæ æгæр уæрæх цъæх шляпæ йæ уæлæ кæ- мæн ис, уыцы адæймаг хъуамæ фæтагъддæр кæна йæ къахдзæфтæ уымæн йæ цæстæнгасы хынджылæггæнгæ рæхуыстыты æмæ йæ цъыччыты бын- Сылгоймаг фæзыл цæхкæрмæ æрбацæйцыд æмæ зына-нæзына уæлæмæ схæцыд йæ къабайыл, фæлæ йыы адæмы бардз йæ зæнг- тæм цы цæстæй кæсы, уый куы ауыдта, уæд ын цыма исчи йæ къухтæ æркъуырдта, афтæ уайтагъд фе- ■ уæгъд кодта, хъуымацыл чи хæцыд, уыцы æнгуылдзты. Фæзмæ кæцæйдæр фæзынд расыг адæймаг. Уый йæ сæр æруагъта йæ риуыл, афтæмæй цæуы æмæ цыдæр- тæ хъуырхъуыр кæны, йæ буар ын хæцъилы хуызæи фестын кодта сæн æмæ æнæбон дзойдзой кæны, мæ- нæ-мæнæ æрхаудзæн æмæ ныцъæл уыдзæн дурджын уынгыл, рельсытыл... Уый йæ иу къух атъыста йæ дзыппы, иннæ къухы та ис йæ æнцъылдтæ рыг шляпæ æмæ йæ ратил-батил кæны, фæлæ уынгæ ницы кæны. Фæзы, æфсæйнæгты зæлты хъæддаг дымгæйы ба- хаугæйæ, уый иу чысыл йе муд æрцыд, æрлæууыд æмæ йæ алыфарс хуылыдз, тар цæстытæй ракæс-бакæс кæ- ны. Алырдыгæй йыл тулынц вагæттæ, коляскæтæ—цæ. уы, тар фæрдгуытæ конд кæуыл ис, ахæм цавæрдæр дæргъæй-дæргъмæ хал. Вагæтты дзæнгæрджытæ мæ- сты дзинг-дзинг кæнынц, дæхи хъахъæн, зæгъгæ, кьуппкъупп кæнынц бæхты цæфхæдтæ, æппæтдæр гуывгуыв кæны, дзыгъал-мыгъул кæны, бырсы расыг .адæймагыл. «Моб» æнкъары, гыццыл æй чи аирхæфса, ахæм цыдæр. Уый та ногæй сæдæгай цæстытæ баиу кодта иу рухс ть^ны æмæ йæ цæст дары, æнхъæлмæ кæсы... Вагоны кондуктор цæгъды дзæнгæрæг æмæ хъæр кæны расыт лæгмæ, кондуктор ракаст вагонæй, фыр хъæрæй йæ цæсгом ныссырх—расыг лæг æм йæ шляпæ тилы æмæ цæуы рельсытæм, вагоны бынмæ- Кондуктор йæ гуыр æппæтæй дæр фæстæмæ аппæрста, йæ цæсты- тæ бацъынд кодта, афтæмæй йæ тых йæ бонæй фæ. зылдта ручкæ, вагон нынкъуысыд, ныззырзыр кодта æмæ хъыррыстгæнгæ æрлæууыд... Расыг лæг цæуы дарддæр—уый йæ шляпæ æркодта йæ сæрыл æмæ та зæххмæ ныккаст. 45
Фæлæ фыццаг вагоны фæстæ сабыргай разынд, æндæр вагон æмæ ацъæл кодта расыг лæджьь зæнгтæ. Расыг лæг фыццаг уæззаугомау æрхауд вагоны цъæ- тыл, стæй уырдыгæй сабыргай æртылд рельсытæм æмæ йæ цъæт асхуыста размæ, йе стымбылтæгонд буар ьш зæххыл ласы. Бæлвырд у, расыджы къæхтæ æмæ къухтæ куыд тъæпп-тъæпп кæнынц зæххыл, уый. Туг сырх-сырхид. адардта, цыма адæмы йæхимæ кæсын кодта, уыйау... Вагонæй райхъуысти сылгоймæгты цъæхахст, фæлæ æппæт зæлтæ дæр уайтагъддæр æрбайсæфтысты «Моб»-ы бæзджын, циндзинады цъæхахсты бын, цыма сыл æваст уæззау, уымæл æмæ æнудгæнæг хъæццул баппæрстæуыд, уый хуызæн. Дзæнгæрджыты фæдисы дзинг-Дзинг, сæфтджыты къупп-къупп, электрон точы ниуын—æппæтдæр уайтагъд ныхъус сау уылæнты тас* дзинады раз, адæмы бардзы уынæрæй. Адæм фосы хуызæн хъæлæба кæнгæйæ сæхи æппæрстой размæ, ва- гæттыл сæхи цавтой, бакалдтой сыл, бапырх сыл код- той тар æртæхтæ æмæ райдыдтой кусын. Вагæтты рудзгуыты æвгтæ згъæлæнтæ кæнынц фыр тыхджьцн змæлдæй. Никæцæй ницы зыны æр- мæст цæвы æмæ зырзыр кæны «Моб»-ы стыр гуыр æмæ хъуогæдæр ницы кæны «Моб»-ы цъæхахстæй. Уыцы хъæры руаджы уый æмбарын кæны йæ тых, йæ хъару, æппынфæстаг, уый дæр дзæгъæл бадт кæй нæ уал кæны, уый. Уæлдæфы фæзынынц сæдæгай егъау къухтæ, дæс- гай цæстытæ æрттивынц æнахуыр, стыр æххормагдзи- нады зыд æрттывдæй. Кæйдæр нæмы уыцы сау «Моб», кæйдæр къуыхтæ кæны, кæмæйдæр йæ маст исы... Иæ æмхæццæ хъæрты тымыгъы арæхæй-арæкдæр хъуысы, æрттивы даргъ тасаг кардау, æхситтгæнгæ дзырд: — Линч! Уыцы дзырдмæ цавæрдæр æнахуыр тых ис «Моб»-ы æбæрæг бæллицтæ баиу кæныны тыххæй, уый тын- гæй-тынгдæр æмбырд кæны «Моб»-ы хъæртæ: — Линч! Адæмы цалдæр къорды сгæпп кодтой вагæтты сæр- 46
тæм æмæ уырдыгæй дæр, уæлдæфы цыма ехс цъыччы- тæ кæны, афтæ хъуысы: — Линч! * * * Мæнæ «Моб»-ы ’хсæн февзæрд æнгом апп, уый’ аныхъуырдта, йæхимæ цыдæр æрбацъырдта æмæ змæ- лы, рацæуы бардзы астæуæй. Æмæ уымæн йæ бæз- джын гуыр коммæгæсæй рацæуы центрæй бырсты ра- зæй æмæ чысылгай зынын райдайы, йæ разæй ракæны æнгом, сау къуыбар—йæ сæр, йæ дзых- Уыцы дзыхы. дæндæгты ’хсæн дзедзыкка кæны скъуыдтæ, тугæй амæст адæймаг—йæ бызгъуыртыд цы нысантæ ис, уыдонæй куыд бæрæг кæны, афтæмæй уый уыд кондуктор. Ныр уый у æууылд дзидзайы къуыбар—ног дзи- дзайы карст,—сырх-сырхид тугæй ахуырст. Адæмы бардзы сау хъæлæс хæссы уыцы дзидзайы къуыбар, æууилы йæ æмæ, цæсгом кæуыл нал ис, уыцы гуыры йæ къухтæй æрæлхъывта аркъауы хуызæн. «Моб» ниуы: — Линч! Æмæ «Моб»-æ|н ахæм бакаст ис, ахæм тызмæг, мæ- сты æмæ гæппæввонг у, æмæ цæттæ у æнæкæрон бирæ- иог дзидза аныхъуырынмæ. Фæлæ уалынмæ кæцæйдæр йæ размæ’ фæцис даст лæг æрхуы цæсгомимæ. Уый йæ цъæх шляпæ арф æр- кодта цæстытыл, цавддуры хуызæн слæууыд адæмы фæндагыл æмæ æнæдзургæйæ уæлдæфы хæрдмæ си- ста йæ лæдзæг. Адæмы сæр фæцудыдта рахизырдæм, стæй та га- лиуырдæм, архайы лæдзæгæй йæхи фæиуфарс кæны- ныл. Пъæлицæйаг æнцад, æнæзмæлгæйæ лæууы, йæ лаедзæг дæр не змæлы, æмæ йæ цæст дæр нæ ныкъулы. Йæхиуыл йæ зæрдæ афтæ кæй дары, уымæй «Моб»-ы зæрдæ уазал кæны. Кæд адæймаг иунæгæй «Моб»-ы фæндагыл цæх- каермæ æрлæууа, зæйы хуызæн ын йæ уæззау æмæ- чьтхджын фæндоны ны^мæ кæд æрлæууа æмæ афтæ* 47
.æнцад йæхи дара, уæд, æвæццæгæн, уый æнæбасæт- гæ у!.- «Моб» пъæлицæйагæн цыдæрдзуры, тилы йæ къух- ,тæ, цыма пъæлицæйаджы фæтæн уæхсчытæн ахъæбыс кæнынмæ хъавы, афтæ, фæлæ йæ хъæры, кæд мæст- джын у, уæддæр хъуысы цавæрдæр тæригъæддаг хъæ- лæсы уаг. Æмæ пъæлицæйаджы æрхуы цæсгом сабыр- гай тар кæнын куы райдайы, йæ къух ма цыбыр гуьн мыдза лæдзæг ноджы бæрзонддæр куы сисы, уæд адæ- мы богъ-богъ диссаджы скъуыд фæкæны æмæ йæ гуыр дæр куыдфæстæмæ сындæггай æрыхæлы, кæд " ма «Моб»-æн йæ сæр быцæу фæкæны, ракæ-бакæ фæкæны, дарддæр лæсынмæ фæхъавы, уæддæр. Мæнæ ма но- джыдæр сабыргай æрбацæуынц дыууæ адæймаджы лæдзджытимæ. «Маб»-ы къухтæ æдыхæй судзынц, цы гуыр æрбалхъывтой, уый, йæ зонгуытыл æрхауы, за- хъоны минæвары къæхты раз йæхи ауадзгæйæ æмæ йын уæд закъоны минæвар равдисы йæ хицаудзина- ды тых. «Моб»-æн йæ сæр дæр хайгай бавæййы, гуыр нал ис, фæзы фæлладæй æмæ æнкъардæй цæуын райдайынц адæмы тар гуыртæ, раст цыма фæзы чъизи зиллаччы стыр фæрдгуытæ апырх сты, афтæ. Тар уынгты æнæдзургæйæ æмæ æнкъардæй цæуынц нырхытæ, кæрæдзийæ иппæрд ’адæм... 1906 аз
МÆ ИНТЕРВЬЮТÆ РЕСПУБЛИКÆЙЫ КЪАРОЛТÆЙ ИУ ...Иугонд Штатты æндоны, фæтæгены æмæ æппæт иннæ къаролты тыххæй æз бæлвырд никуы ницы зыд- тон. Афтæ бирæ æхца кæмæ ис» уыцы адæмы хуымæ- тæджы адæмы хуызæн нæ хуыдтон. Æз афтæ æнхъæлдтон, æмæ уыдонæй алкæмæн дæр къаддæр уæддæр ис æртыгай ахсæнтæ æмæ фæйнæ дæс æмæ авдссæдз дæндаджы. Æз афтæ æнхъæлдтон, амæ миллионер алы бон дæр райсомы æхсæз сахатæй суанг æхсæвы дыууадæс сахатмæ æнæрынцойæ хæргæ кæны. Уый æфтъæры тæккæ зынаргъдæр хойраг: хъаз- тæ, гогызтæ, хъыбылтæ, мæймæ булчъытæ цар- вимæ, ссадæй конд адджинæгтимæ алыхуызы хæринæг- тæ, æмæ æндæр ахæм адджын хойраг. Изæрырдæм уый йæ æфсæрты фыр куыстæй афтæ бафæллайы, æмæ негртæн дзырд ратты, цæмæй уыдон хойраг куыд æмбæлы, афтæ æууилой, йæхæдæг та цæттæ æууылд хæринаг ныхъуыры æмæ ныхъуыры. Æппынфæстаг йæ бон нал вæййы, йæ хид цъыкюцъыкк тсæнын райда- йы, улæфын нал фæфæразы æмæ йæ негртæ ахæс- сынц хуыссæнмæ. Райсомæй та æхсæз сахатæй фæ- стæмæ ногæй райдайы йæ хъизæмары цард. Фæлæ кæд афтæйæтых-йæ бонæй архайы, уæддæр йæ бон нæу суанг йæ капиталы проценттæн сæ æмбис бахæрын дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм цард уæззау цард у. Фæлæ цы хъуамæ чындæуа? Уæдæ цы пайда у мил- * М. Горький. 49
лионер уæвын, кæд хуымæтæджы адæймагæй фылдæр бахæрын йæ бон ыæу, уæд? Æз афтæ æнхъæлдтон, æмæ хъуамæ дара сыгъзæ- '• ринæй нывæфтыд дари хъуымацæй, хæрдгæ мидæггаг дзаума, йæ цырыхъыты зæвæттæ хъуамæ хуыд уон сыгъзæрин зæгæлтæй, йæ сæрыл та шляпæйы бæстьг хъуамæ уа бриллиантæй конд дарæс. Иæ сюртук утæккæ зынаргъдæр хъæдабæйæ, йæ дæргъ къаддæр уæддæр уыдзæн авд сардзины æмæ йæ дараэсы ис æгг пынкъаддæр æртæ сæдæ сыгъзæрин цæппæры. Бæрæг бонты уый йæ уæлæ уыцы иу конд скæны аст сюртучы æмæ дыууадæс хæлафы. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый аив дæр нæу, стæй хъыгдаргæ кæнынц... Фæлæ афтæ хъæздыг уæвгæйæ, куыд хъуамæ хæсса уый иннæты хуызæн дарæс... Æз афтæ æнхъæлдтон, æмæ миллионеры дзыпп у уæрм æмæ уым æнцон бамбæхсæн у аргъуан, сенаты агъуыст—иу ныхасæй, - цыдæриддæр дæ бафæыда, уый-.. Фæлæ æз кæд ахæм адæймаджы гуыбын ден- джызон егъау науы хуылф хуыдтон, уæддæр мæ бон бамбарын нæ уыд, уыцы адæймаджы зæнгтæ æмæ хæ- лаф цæй дæргъæн хъуамæ уой, уый. Æз афтæ æн- хъæпдтон, æмæ цы хъæццулы бын хуыссы, уый хъуа- мæ уа къаддæр-уæддæр ’ квадратоы миля. Стæй кæд уый тамако æууилы, уæд хъуамæ æрмæстдæр тæккæ хуыздæр тамако æмæ уый дæр уыцы-иу æууылдæн— къаддæр-къаддæр дыууæ джнранкайы. Кæд æмæ тама- ко йæ фындзы тъыссьг, -уæд та уыцы иу тъыстæн— æнæхъæн джиранка. Æхцатæ домынц, цаемæй сæ хардз кæной, уый... Йæ къухы æнгуылдзтæ диссаджы æмбудаг сты æмæ сæм ныддаргъ уæвынмæ æнахуыр тых ис: зæ- гъæм миллионер Ныо-йорчы куы бада æмæ куы бамба- ра, кæмдæр Сыбыры доллар сæвзæрд, уый, уæд йæ къух радаргъ кæндзæн Берингы донкъубалæджы сæр- ты æмæ йæ бынатæй змæлгæ дæр нæ фæкæндзæн, аф- тæмæй ратондзæн уарзон зайæгойы. Фæлæ диссаг уый у, æмæ ахæм уавæры мæ боы бамбарын кæй нæ уыд, ахæм кæфхъуындары сæр цæй хуызæн хъуамæ уа, уый. Канд уый нæ, фæлæ мæм ,афтæ каст, цыма алцы æппæтæй дæр сыгъзæрин лæма- 50
рынмæ тырнындзинадæй разæнгард чи у, уыцы бирæ хæцъæфтæй æмæ стджытæй конд сæр бынтон уæлдай у.Иу ныхасæй, бæлвырд не ’мбæрстон, миллионер цы у, уый. Цыбыр ныхасæй, æз афтæ æнхъæлдтон, æмæ миллионер—уый у фыццаджыдæр даргъ тасаг къухтæ. Уыцы къухтæ æртыхстысты зæххы къорийцл, æрбав- вахс æй кодтой уæрæх тар дзыхмæ æмæ уыцы дзых цъиры, æхсыны æмæ æууилы нæ зæхх æнæхъæнæй дæр, калы йыл йæ зыд сæт, тæвд картофыл куыд кала, афтæ-. У1æ бон у бамбарын, æз миллионерыл куы фембæлд- тæн æмæ уый, адæймаг куыд вæййы, ахæм адæймаг ^уы разынд, уæд куыд ныддис кодтон, уый. Мæ разы арф къæлæтджын бандоныл бадт даргъ, къæсхуыр зæронд лæг. Уыдис ын рæстæмбис гуыбын, нæдæр стыр, нæдæр гыццыл. Иæ бур æнхъырттæ къухтæ дæр уыдысты хуымæтæджы адæймаджы къух- ты хуызæн æмæ сæ сæвæрдта йæ гуыбыныл. Йæ цæс- гомы лæмæгъ царм уыд лопъо-даст, йæ дæллаг был’ æрзæбул æмæ дзæбæх байгом сты хæрзконд арæзт æф. сæртæ. Æфсæрты сагъд уыд сыгъзæрин дæндæгтæ. Уæллаг был уыд даст, фæлурс æмæ гæххæтты хуызæн тæнæг — æнгом баныхæст йæ æууилæн машинкæйыл, эзмæ-иу зæранд ныхас куы кодта, уæд-иу хæрз стæмтæй фæстæмæйæ был змæлгæ дæр нæ кодта- Йæ цæстытæ уыдысты æгъуыз, æрфгуытæ та йын æппындæр нæ уыд, йæ сæры тæбæгъыл иу æрду дæр нæ уыд. Афтæ зьгнд, цыма цæсгомыл иу чысыл царм нæ фаг кодта, æмæ уый иууылдæр—сырхгомау, æыæзмæлгæ æмæ лæгъз— зæрдыл лæууын кодта ног гуырд сывæллоны цæсгом. Зын сбæрæггæнæн уыд, уыцы цæрæгой цæрын нырма’ ныр райдыдта, æви йæ царды фæстаг бонтæ æр^ виты... Йæ уæлæйы дарæс дæр уыдис хуымæтæджы адæй- маджы дарæсы хуызæн. Къухдарæн, сахат æмæ дæн- дæгтæ,—гъе, сыгъзæринæй йыл аандæр ницы дзаума уыд. Уыцы сыгъзæрин, иумæ райсгæйæ, æвæццæгæн, джиранкайы æрдæгæй къаддæр ластаид. Иу ныхасæн уыцы лæг уыд Европæйы аристократон хæдзары зæ- ронд лæггадгæнæджы хуызæн... Зæронд лæджы уæттæй æз кæм уыдтæн, уый дзау- 4* 5Т
майæ арæзт нæ уыди, рæсугъддзинадæй дæр дзы ницы диссагæй федтон. Фæлæдзы цы дзаумæттæ уыд, уыдон биноныг уыдысты, æндæр ницы зæгъæн ис уаты тыххæй. Уаты дзауматæм куы ’ркастæн, уæд афтæ ахъуыды кодтон: æвæццæгæн, ацы хæдзармæ иуæй-иу хатт æр- бацæуынц пылтæ. — Уый ды... миллионер дæ?—бафарстон æз, мæ цæстытыл дæр не ’ууæндыдтæн, афтæмæй. — О, бæлвырд æз!—дзуапп радта уый, фидарæй йæ сæр банкъуысын кæнгæйæ. Æз мæхи афтæ скодтон, цыма йыл æууæндын, æмæ йæ æваст раргом кæнынвæнд скодтон. ’— Дæ бон аходæныл дзидза бахæрын цас у?— афтæ йæ бафарстон æз. — Дзидза хæргæ дæр нæ кæнын!—загъта уый.— Апельсины карст, айк, иу чысыл къоппайы дзаг цай— гъе, уый дын мæ аходæн... Йæ цæстытæ тар æрттывд кодтой мæ разы, лакъон доны дыуу’æ стыр æртахы хуызæн æмæ сæ мурдæр гæ- дыдзинадæй ницы федтон. — Хорз, уæдæ!—загътон æз, дисгæнгæйæ.—Фæлæ ма мын æргом зæгъ—цал хатты хæрыс бон? — Дыууæ хатты!—сабырæй дзуапп радта уый.— Аходæн æмæ сихор—уый мæнæн æгæр дæр ма у. Си- хорæн—басы тæбæгъ, урс дзидза æмæ исты адджи- наг. Дыргътæ. Кофейы къоппа. Сигарæ... Тынгæй-тынгдæр дис кодтон. Уый мæм каст зæды цæстытæй. Æз ныуулæфыдтæн æмæ загътон: — Уæдæ кæд афтæ у, уæд де ’хцатæ цы фæкæныс? Уыцы фарста куы фехъуыста, уæд миллионер иу чысыл йе уæхсчытыл уæлæмæ схæцыд, йæ цæстытæ æрзылдысты сæхи мидæг æмæ дзуапп радта: — Æз ма уыдонæй кæнын ноджыдæр æхца... — Цæмæн? — Цæмæй ма ноджыдæр æхца скæнон, уый тых- хæй... — <Уæддæр цæмæн?—бафарстон та йæ ногæй. Миллионер æркъул кодта мæнырдæм, йæ рæмбы- ныкъæдзыл æрынцой кодта къаелæтджын бандоныл æ№æ мæ куыддæр цымыдисæй бафарста: 52
— Æрра дæ? — Ды та?—фарстæй йын дзуапп радтон æз дæр. Зæронд æркъул кодта йæ сæр æмæ сындæггал загъта: — Диссаджы хиирхæфсæн дæ... Æвæццæгæн, æл фыццаг хатт уыыын ахæмы... Стæй йæ сæрыл уæлæмæ схæцыд, йæ дзых аивæзта суанг йæ хъусты онг æмæ мæм æнæдзургæйæ ракæс- бакæс кæнын байдыдта. Йæхи куыд сабыр дардта, уымæ гæсгæ зæгъæн уыд, йæхи кæй нымайы, куыд æмбæлы, ахæм адæймагыл. Йæ галстукыл ын ауыдтон булавкæ иу чысыл бриллиантимæ. Уыцы дур къахы дарæсы зæвæты йас уæддæр куы уыдаид, уæд ма æ:* истæуыл ахъуыды кодтаин. — Фæлæ уæддæр ды цы кусыс?—бафарстон та йæ. — Кæнын æхца!—загъта цыбырæй, йæ уæхсчытыд схæцгæйæ. — Мæнг æхцатæгæнæг?—дисгæнгæйæ фæхъæр кодтон æз; мæнмæ афтæ фæкаСт, цыма æз сусæгдзи- над раргом кæнынмæ фæхæстæгдæр дæн. Фæлæ уа- лынмæ уый чысылгай хæкъуырцц кæнынрайдыдта. Иæ æппæт гуыр дæр хæрдмæ хауд, цыма йын цавæрдæр сусæг къух йæ дæлæртты бын хъыдзы кодта, афтæ. йæ цæстытæ арæх тъыбар-тъыбур кодтой. — Гъе, уый хъæлдзæг ныхас у!—загъта миллионер, куы басабыр, уæд, мæ цæсгоммæ разыйы цæстæнгасæй кæсгæйæ!—Бафæрс-ма мæ ноджыдæр йстæмæй!—зæгъ- гæ, фæкодта æмæ цæмæндæр ныртыппыр кодта йæ рустæ. Æз ахъуыды кодтон æмæ йæ бафарстон комкоммæ; — Куыд кæныс ды æхца? — А! Бамбæрстон дæ!—загъта миллионер, йæ сæр æнкъуысын кæнгæйæ.—Бынтон хуымæтæджы æгъда- уæй. Мæнмæ ис æфсæнвæндæгтæ. Фермертæ кæнынц товартæ- Æз уыцы товартæ ласын армукъатæм- Раздæр банымайын, цæмæй æххормагæй ма амæла æмæ дард- дæр кусын йæ бон уа, уый тыххæй фермерæн цас æх- ца’ныууадзын хъæуы, уый, иннæ æхца иууылдæр æр- байсын мæ къухтæм куыд æфсæнвæндагыл товартæ ласыны тыххæй фиддон, афтæ. Гъе, афтæ бынтон хуы- мæтæджы æгьдауæй. 53
— Æмæ фермертæ разы сты ахæм хъуыддагыл? — Мæнмæ гæсгæ, сеппæт разы не сты,—загъта миллионер.—Фæлæ афтæ дзурынц, зæгъгæ, дам, адæм сеппæт никуы ницæуыл уыдзысты разы. Кæмдæриддæр разыны хъуырхъуыргæнаг худæджы адæймæгтæ... — Хицауад дæ нæ хъыгдары?—бафарстон æй æз. — Хицауад?—загъта уьтй æмæ ныхъуыды кодта, йæ æнгуылдзтæй йæ тæрных сæрфгæйæ. Стæй, цыма йæ зæрдыл цыдæр æрлæууыд, афтæ, йæ сæр банкъуы- сын кодта.—А, а... Уый Вашингтоны чи ис, уы- доны тыххæй фæрсыс? Нæ, уыдон мæн нæ хъыгда- рынц. Уыдой тынг хæларзæрдæ адæм сты... Се ’хсæн мæ клубæй дæр чидæртæ ис. Фæлæ сæ искуы-иу хатт йеттæмæ нæ фендзынæ... Уымæ гæсгæ ма сæ адæймаг рох дæр фæкæны. Нæ,—уыдон мæ нæ хъыгдарынц,— загъта та уый ноджыдæр æмæ мæ уайтагъд цымыднс хуызæй афарста: — Æмæ адæмы æхца кæнын чи нæ уадзы, ахæм хицауадтæ ис? Æз фефсæрмы дæн, афтæ æнæрхъуыды фарст æй кæй акодтон, уый та зондджын ныхас кæй кодта, уымæй. — Нæ, нæ,—загътон æз сабыргай,—афтæ фæрсын- мæ нæ хъавыдтæн...,Зоныс, æз афтæ хъуыды кодтон, зæгъын, хаттгай-иу хицауад хъуамæ ма уадзид ком- коммæ стигъын... — Фæл-лæ!—загъта уый.—Уый у идеализм. Ам аф- тæ нæ кæнынц. Хицауадæн йæ бон нæу искæйы хъуыд- дæгты хи тъыссын. Æз мæхиуыл тынгæй-тынгдæр хæцыдтæн, сывæлло- нау мын уыцы ныхæстæ куы кодта, уæд. — Иу адæймаг бирæты быныстыгъд куы кæна, уæд уый, цыма, хицæн адæймаджы хъуыддаг у?—бафар- стон æй æз. — Быныстыгъд зæгъыс?—афарста мæ уый, йæ цæ- стытæ ныхъоппæг кæнгæйæ.—Лæг бабын вæййы уæд, æмæ кусæг къухтæ куы сзынаргъ вæййынц, стæй стач- кæтæ >куы вæййы, уæд. Фæлæ махмæ ис эмигранттæ. Уыдоны фæрцы кæддæриддæр фадат ис кусджытæн къаддæр мызд фидынæн æмæ разæнгардæй фæкусынп, стачкæ чи фæкæны, уыцы кусджыты бæсты- Уыдонæй 54
бæстæйы бирæ куы æрæмбырд уа, уæд сарæх уыдзæн аслам кусæг къух, стæй бирæ товартæ æлхæндзысгы æмæ уæд æплæтдæр хорз уыдзæн. Миллионер иу цасдæр фæныфсджындæр æмæ ныр, фыццаг куыд уыд, афтæ иу рæстæг зæронд лæджы хуызæн дæр æмæ сывæллоны хуызæн дæр уыйас нал уыд. йæ лыстæг æнгуылдзтæ базмæлыдысты, æмæйæ фæсус хъæлæс тагъддæр зæлланг кæнын райдыдта мæ хъусты. — Хицауад? Æнхъæлдæн уый диссаджы фарста у, о. Хорз хицауад æнæмæнг хъæуы. Уый лыг кæны ахæм фарстатæ: бæстæйы хъуамæ уа, æз цыдæриддæр ауæй кæнынмæ хъавын, уыдоны балхæнынæн мæн цас адæм хъæуы, уый бæрц. Кусджытæ хъуамæ уа уый бæрц, цæмæй æз кусджытæ хъуаг ма уон. Фæлæ—иунæг уæлдай адæймаг дæр нæ! Уæд ’социалисттæ дæр нæ уыдзæн. Æмæ) стачкæтæдæр нæуыдзæн! Хицауад хъуа- мæ стыр хъалонтæ ма иса. Адæмы бон цыдæридд|æр раттын у, уый сæ æз мæхæдæг райсдзынæн. Гъе, æз уый хонын—хорз хицауад. — Мнллионер æвдисы æдылыдзинад,—уый у, адæи- маг йæ тыхтыл йæ зæрдæ куы фæдары, уый бæрæггæ- нæн,—афтæ ахъуыды кодтон æз.—Æвæццæгæн, уый æ^цæг къорол у... — Мæн хъæуы,—дзырдта дарддæр миллионер ныфсджынæй æмæ фидар хъæлæсæй,—цæмæй бæстæйы уа æгъдау. Хищауад асламæй æххуырсы алыхуызон фи- лософты. Уыдон алы хуыцаубон дæр къаддæр-уæддæр аст сахаты дæргъы адæмы ахуыр кæнынц, закъонтæ дæмæй уарзой, ууыл. Кæд уый тыххæй философтæ æгъгъæд нæ уой, уæд хъуыддагмæ бауадзын хъæуы •салдæтты. Уыцы хъуыддаджы цы мадзæлттæй архайд цæуы, уый уæлдай нæу, ахсджиаг сты æрмæстдæр бæ- рæггæнæнтæ. Фæлхасгæнæг æмæ кусæг хъуамæ уарзой закъонты- Æндæр ницы!—фæцис миллионер йæ ныхас, йæ æнгуылдзтæй хъазгæйæ. «Нæ, уый авдылы нæу, уый хъуамæ къарол ма уа!» акуьцды ’кодтон æз æмæ йæ бафарстон:—Ды зшртæккæйы хицауадæй разы дæ? Миллионер дзуапп уайтагъд нæ радта. — Хицауад кæны, йæ бон цас у, уымæй къаддæр. 55
Æз афтæ зæгъын: нырма уал бæстæмæ уадзын хъæуы эмигрантты. Фæлæ махмæ ис, уыдон пайда кæмæй кæ~ нынц, ахæм политикон сæрибардзинад,—æмæ уый- тыххæй фидын хъæуы. Уадз æмæ уыдонæй алчидæр йемæ æрбаласа 500 доллæры. 500 доллæры цы адæй- магмæ ис> уый дæс хатты хуыздæр у, 50 доллæры йет- тæмæ кæмæ нæй, уымæй... Æвзæр адæмтæ—лæккад- гæнджытæ, мæгуыргуртæ, рынчынтæ æмæ æндæр ахæм хуыскъастаэутæ никуы хъæуынц. — Ахæм уавæры та фæкъаддæр уыдзæн эмигрант- ты æрбацыд...—загътон æз. Зæронд йæ сæр батылдта, цыма разы уыд, уый- хуызæн. — Æрцæудзæн рæстæг, æмæ æз фæндон бахæсдзы,- нæн, цæмæй сын бæстæмæ æрбацæуæн дуæрттæ бын- тондæр æхкæд æрцæуой. Ныр та уал уадз æмæ алчи- дæр иу чысыл ласа сыгъзæрин... Уый бæстæйæн пайда у. Стæй граждайнаг бартæ райсыны æмгъуыд фылдæр кæнын хъæуы. Фæлæ æппынфæстаг ахæм бар бынтон- дæр фесафын хъæудзæн. Америкæгтæн, кусын кæй фæнды, уыдон уадз æмæ кусой, фæлæ уыдонæн æп- пындæр америкаг гражданты бартæ дæттын нæ хъæ- уы. Америкæгтæ сæхæдæг бирæ сты. Уыдонæй алкæ- мæн дæр йæ бон бауыдзæн, бæстæйы адæм цæмæй фылдæр кæной, уый бакæнын. Æппæт уыдæттæ сты хи- цауады хъуыддаг. Хицауады æнæмæнг æндæр хуызы рацаразын хъæуы. Хицауады уæнгтæ хъуамæ иууыл- дæр уой промышленнон куыстуæтты акционертæ—уæд уыдон тагъддæр æмæ æнцондæрæй бамбардзысты бæ* стæйы домæнтæ. Ныр та мæн æлхæнын хъæуы сенатор- ты, мæн... алы хуызы лыстæг хъуыддæгтæ æнæмæнг кæй- хъæуы, ууыл сæ цæмæй æууæндын кæнон, уый тых- хæй. Фæлæ хицауад æндæр хуызы арæзт куы ’рцæуа,. уæд уый уæлдай хъуыддаг уыдзæн... Миллионер арф ныуулæфыд, йæ къах ариуыгъта> æмæ ма йæ ныхасыл бафтыдта: — Цард куыд у, афтæмæй йын уынæн ис æрмæст- дæр сыгъзæрин хохы цъуппæй... Ныр йæ политикон цæстæнгас бæлвырд куы сбæ- рæг, уæд æй комкоммæ бафарстон: — Дины тыххæй та куыд хъуыды кæныс ды? 56
— О! — фæхъæр кодта уый, йæ уæраджы сæр æр-- къуыргæйæ.—Тынг хорз хъуыды кæнын! Дин адæмь? æнæмæнг хъæуы. Афтæ кæй у, ууыл æз зæрдиагæй æууæндын. Æмæ .ма суанг хуыцаубонты мæхæдæг дæр динамонæн н’ыхас фæкæнын аргъуаны... афтæ, уæ- дæ куыд! — Æмæ цы фæдзурыс ды? — бафарстон æз. — Цыдæриддæр аргъуаны æцæг чырыстон радзур- дзæн, уыдон сецпæт дæр — фидарæй загъта миллио- нер. — Кæй зæгъын æй хъæуы, æз фæныхас кæнын мæгуырты ’хсæн — мæгуырты кæддæриддæр хъæуы фæлмæн ныхас æмæ сæ фыды хуызæн цæмæй ахуыр кæной, уый... Æз сын фæдзурын афтæ... ^Иу чысыл рæстæг миллионерæн йæ цæсгом сывæл- лоны цæстæнгас æвдисын райдыдта, фæлæ уайтагъд- дæр йæ былтæ нынгом кодта æмæ йæ цæстытæ цармæ- ныццавта. Царыл сывæллæтты’нывтæ , æфсæрмхуызæй æмбæрзтой бæгънæг ставд сылгоймаджы, йæ буар* тагъдрæзаг хуыйы’хуызæн сырхбын кæмæн уыд фыр нæрдæй, уый. Миллионеры цъæх цæстыты фæзынды- сты, уый цары цы алыхуызон ахорæнтæ уыдта, уыдон æмæ алыхуызон цæхæртæ скалдтой. Стæй сабыргай райдыдта дзурын: — Чырыстон дингæнæг æфсымæртæ æмæ хотæ! Ма- хъусут хæлæг кæныны хин хæйрæджы ардыдмæ, зæх- хыл цыдæриддæр ис, уыдоны уæхицæй дард сурут.. Зæххыл цард цыбыр у: адæймаг æрмæстдæр дыууис- сæдз азы онг у хорз кусæг, дыууиссæдз азы фæстæ- йæ фабрикæтæм нал фæисынц. Цард фидар нæу. Сы- мах кусут æмæ уæ къухæй куыд æмбæлы, афтæ рæвлгг куы нæ ’вналат, уæд уын машинæ цъæл кæнын рай- дайдзæн уе стджытæ, — хур дæ куы ныццæва, — уæд ууыл фæдæ! Сымахмæ алы ран дæр æнхъæлмæ кæ- сынц низтæ, алы ран дæр æнамрнддзинæдтæ! Мæгуыр адæймаг, бæрзонд хæдзары’ сæрыл куырм адæймаг куыд уа, уымæй уæлдай нæу» — кæдæмфæнды куы ацæуа,' уæддæр æрхаудзæн æмæ ныцъцъæл уыдзæн, апостол Иудæйы æфсымæр — апостол Иаков куыд зæгъы, афГæ. Æфсымæртæ! Сымах хъуамæ зæххыл’ цардæн аргъ ма кæнат, — уый адæймæгты удтæ ада- вæг хæйрæджы конд у. О, ^Чырыстийы уарзон сывæл- 57'
.йæттæ, уæ фыды царды хуызæн, — уый уæларвы ис, сымах цард ацы дунейыл нæй. Æмæсымах фæразонæй, хъаст нæ кæнгæйæ, хъуырхъуыр нæ кæнгæйæ, сабы- рæй уæ зæххон фæндаг куы фæуат, уæд уæ уыцы ду- не^райсдзæн дзæнæты хъæутæм æмæ зæххыл цы фæл- лой бакæнат, уый уын бафиддзæн æнусон дзæнæтæй. Ацы цард у æрмæстдæр уæ удтæ ссыгъдæг кæныны тыххæй æмæ ам цас фылдæр хъизæмар кæнат, уыйас уæм уым — иннæ дунейы — фылдæр хорздзинæдгæ æнхъæлмæ кæсы, — афтæ загъта апостол Иудæ йæ- хæдæг. Миллионер йæ къухæй ацамыдта цармæ, ахъуыды йодта, стæй дарддæр райдыдта ныхас кæнын: — Афтæ, зынаргъ æфсымæртæ æмæ хотæ! Ацы цард æппæтæй дæр афтид æмæ ницæййаг у, хæстæг нæм чи у, ахæм адæймаджы уарзыны тыххæй йæ ны- дондæн куынæ ’рхæссæм, уæд чи фæнды, куы уа, уæд- дæр. Уæ зæрдæтæ ма дæттут хæлæджы дæлимо’нты къухтæм! Цæмæ хъуамæ хæлæг кæнат сымах? Зæх- хыл цы хорздзинæдтæ ис> уыдон æрмæстдæр зынгæ афтæ кæнынц, уыд’он хæйрæджы хъазæнтæ стьг. Мах иууылдæр амæлдзыстæм—къæздгуытæ ,дæр æмæ мæ- гуыртæ дæр, падд|зæхтæ дæр æмæ æвзалыкъахджыгæ дæр, банктч’ хицæуттæ дæр æмæ уынгтæ сыгъдæггæн- джытæ дæр. Чи зоны, æмæ дзæнæты сатæг цæхæра- дæтты æвзалыкъахджытæ суыдзысты паддзæхтæ, пад- дзæхтæ та цæхæрадоны къахвæндæгтæ, бæлæстæй цы сьцфтæртæ æрызгъæла æмæ сымах æрвылбон кæмæи цæрдзыстут, уыцы къа(фетты цъæрттæ уисойæ мæрз- дзæн. Æфсымæртæ! Цы къуамæ фæнда задххыл адæй- змаджы, зæрдæ сывæллоны хуызæн дзæгъæлтæ кæм кæны, уыцы тæригъæддаджы тар хъæды? Цæут дзæ- нæтмæ уарзондзинады æмæ коммæгæсы фæн'д|агыл æнæдзуртæйæ, фæразут, цыдæриддæр уæ амонд фæуа, уыдонæн. Уарзут æппæтдæр, суанг уæ æгад чи кæна, уыдо!ны дæр... Миллионер та ногæй йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ, къæлæтджын бандоныл йæхи узгæйæ, дзырдта дзрддæр: — Ма хъусут, уæ зæрдæты уын хæлæгдзинад чи Æвзæрын кæны, иуты мæгуырдзинад æмæ уын иннæты 58
хъæздыгдзинад чи æмбарын кæны, уыцы адæмтæм, Уыдон сты хæйрæджыты минæвæрттæ, хуыцау хи хуызæн адæймагмæ хæлæг кæнын нæ уадзы. Æмæ хъæздгуытæ дæр мæгуыр сты, уыдон мæгуыр сты, кæй пичи сæ уарзы, уымæй. Бауарзут хъæздыджы, уымæп æмæ уый у хуыцауы минæвар! — афтæ загъта Иуда\ хуыцауы æфсымæр, аргъуаны фыццаг сауджын. Ма хъусут, æмхуызондзинады æмæ уын æндæр æрымысгæ хъуыддæгты тыххæй хæйрæг цы дзуры, уымæ. Цы у æмхуызондзинад ам, зæххыл? Архайут æрмæстдæр ууыл, цæмæй уæ хуыцауы раз æмхуызонæй æнæтæри- гъæд уат, фæразонæй хæссут уæ дзуар, æмæ коммæ- гæсдзинад сымахæн фенцондæр кæндзæн уый хæссын. Хуыцау сымахимæ ис, ;мæ сывæллæттæ æмæ уææ|ндæр хъæугæ дæр ницы кæны! Зæронд ныхъус, йæ дзых ныххæлиу кодта æмæ, йæ сыгъзæрин дæндæгты æрттывдæй сæрыстыр уæвгæйæ, æрбакаст мæнмæ. — Тынг.хорз пайда кæныс динæй! — загътон æз. — О, каей зæгъьщ æй хъæуы! Æз уымæн аргъ кæ- нын зонын, — загъта миллионер. — Зæгъын ма дын ноджыдæр — дин мæгуырты æнæмæнг хъæуы. Мæнæн днн мæ зæрдæмæ цæуы. Зæххыл цыдæриддæр ис, уы- дон иууылдæр хæйрæджы къухы сты, афтæ дзуры дии. О, адæймаг, кæд дæ дæ уд фервæзын кæнын фæнды, уæд мацы дом æмæ мацæмæ æвнал ам — ацы дуне- йыл- Ды цардæй бафсæддзынæ мæлæты фæстæ — уæларвЫ цыдæриддæр ис, уыдон иууылдæр дæу сты! Æмæ адæм ууыл куы феууæндынц, уæд семæ æнцон архайæн вæййы. О, афтæ. Дин — царв у. Æмæ уымæй мах цас фылдæр сæрдæм царды машинæ, уыйас къад- дæр хафдзысты йæ хæйттæ, уыйас æнцондæр уыдзæн машинистæн дæр йæ хæс æххæст кæнын. «О, уый къарол у»,—загътон æз мæкинымæрæмæ бафарстон хуыгæсы байзæдтаджы: — Зæгъ-ма, ды дæхи чырыстоныл нымайыс? ’,— О, кæй зæгъын æй хъæуы!—фæхъæр кодта уый фидарæй. — Фæлæ, — уый йæ къух хæрдмæ систа æмæ фидарæй загъта: — æз ма ноджы дæн америкаг дæр, æмæ уымæ гæсгæ карз моралист дæн... 59
Миллионер йæхи фæтар кодта, йæ былтæ ацъупп кодта, йæ хъустæ бахæстæгдæр кодта фындзмæ. — Цы зæгъынмæ хъавыс ды?.. — бафарстон æй æз, мæ хъæлæс фæныллæгдæр кæнгæйæ. — Æрмæст ныхас махæй дарддæр куыннæ ацæуа, афтæ! — ныллæг хъæлæсæй дзургæйæ мын бафæдзæх- ста уый.—Америкагæн Чырыстийы банымайæн нæй^ — Нæй, зæгъыс? — бафарстон æй æз суоæгæй, иу цасдæр æнæдзургæйæ куы алæууыдыстæм, уæд. — Кæй зæгъын æй хъæуы, нæй, — загъта уый са- бырæй. — Цæуылнæ? — бафарстон та йæ æз, иу цасдæр рæстæг æнæдзургæйæ куы алæууыдыстæм, уæд, — Чырысти дзæгъæлзад у! — зæронд мæм йæ цæст æрныкъуылдта æмæ йæ алыфарс акаст. — Ды æмба- рыс? Дзæгъæлзадæн Америкæйы йæ бон хуыцау уæ- вын нæ, фæлæ чиновник уæвын дæр нæу. Уый иу ран дæр нæ уадзынц, куыд æмбæлы, ахæм æхсаанад- мæ- Уымæн иу чызг дæр нæ бакомдзæн. О, мах тынг карз стæм! Мах чырыстон куы суæм, уæд нæ æппæт дзæгъæлзæдты дæр адæмыл банымайын хъæуы... суанг уыдон негры æмæ урсцъар сылгоймаджы сывæллæттæ куы уой, уæддæр. Ахъуыды-ма к&н, уый цы стыр æна- монд хъуыддаг у, ууыл! И? Æвæццæгæн ахæм хъуыддаг æцæгдæр стыр æна- монддзинад у, — зæронды цæстытæ ацъæк сты æмаз уыджы цæстыты хуызæн стымбыл сты. Уый йæ дæллаг был тыхтæ æмæ амæлттæй сæлвæста хæрдмæ æмæ йæ æрæлхъывта дæндæгтæй. Æвæццæгæн афтæ æнхъæл уыд, æмæ йæхи куы ныззыхъыр кæна, уæд ыл тынгдæр баууæнддзысты, уæд тызмæгдæр хуыз уы- дзæн. — Негры адæймагыл банымайын уæ бон ницьг хуызы у? — бафарстон æз миллионеры, демократон бæстæйы мораль мын мæ зæрдæ нынкъард! кодта, аф- тæмæй. — Гъе, уый дын диссаджы адæймаг! — фæхъæр кодта миллионер фæсмонгæнæгау. — Уыдон сау адæм сты. Æмæ тæф кæнынц. Негр урс сылгоймагимæ ус æмæ лæджы цард кодта, уый куыддæр базонæм, афтæ- йæ саунад фæкæнæм, уайтагъддæр ын бæндæн йæ 60
къубалцл авæрæм æмæ бæласмæ... æнæ иу ныхасæп! Ных’ас моралы тыххæй куы фæцæуы, уæд мах тынг карз стæм... Миллионер мæм ныр йæхимæ сæвзæрын кодта, бар æнæбары дæр алæугæ мардмæ цы ^нымд дарай, ахæм. Фæлæ æз хъуыддагмæ бавнæлдтон æмæ йæ хъуамæ кæронмæ ахæццæ кодтаин. Æз дарддæр фар- статæ æвæрдтон æмæ архайдтон, рæстдзинадæй, сæ- рибардзинадæй, зондæй æмæ рæсугъддзинадæй цæуыл- дæриддæр æууæндыдтæн, уыдонæй хынджылæг кæны- ны процесс фæтагъддæр кæныныл. — Ды цы цæстæнгасæй кæсыс социалисттæм? — Гъе, уыдон сты хæйрæгæн лæккадгæнджытæ!— тагъд-тагъд дзуапп радта миллионер, йæ къухæй йæ уæраджы сæр æркъуыргæйæ. Социалисттæ — уыдон сты царды машинæйы змис, уыцы змис алы ранмæ куы кауа, уæд кæлгæ кæны механизмы! нывыл куыст- Хорз хицауадмæ хъуамæ социалисттæ ма уа. Амери- кæйы уыдон æвзæрын райдыдтой. Уæдæ афтæмæй — Вашингтоны адæм, куыд æмбæлы, афтæ хорз не ’мба- рынц сæ хæстæ. Уыдон хъуамæ социалисттæн исой сæ граждайнаг бартæ. Уый дæр исты мары. Æз афта* зæгъын —хицауад хъуамæ цардмæ хæстæгдæр лæууа. Уый тыххæй хъуамæ йæ уæнгтæ æмбырдгонд цæуой миллионерты ’хсæнæй., Афтæ, гъе! — Дыстыр иугъæдон адæймаг дæ! ’— загътон æз- — О, ’æыæмæнг! — сразы ис уый, йæ сæр разыйы тылд баиæнгæйæ. Ныр йæ цæстæнгас сывæллонау нал уыд æмæ йæ уадултыл фæзынд арф æнцъылдтæ. Мæн бафæндыд уый аивады тыххæй бафæрсын- Ды цы цæстæй кæсыс... — райдыдтон æз дзурын, фæлæ уый йæ æнгуылдз хæрдмæ систа æмæ йæхæдæг дзурын райдыдта: — Социалистæн йæ сæры атеизм ис, йæ гуыбыны та — анархизм. Уымæн йæ зæрдæйы хæйрæг ныссагъ- та æдылыдзинады æмæ хæрамдзинады базыртæ... Со- циалистты ныхмæ тох кæныны тыххæй æнæмæнг фыл- дæр хъæуы дин æмæ салдæттæ. Дин — атеизмы ных- мæ, салдæттæ — анархийы ныхмæ. Раздæр социалис- тæн йæ сæр байдзаг кæнын хъæуы дины амынддзинæд- тæй. Уыдонæй йæ куы нæ сдзæбæх кæной, уæд та йын 61
,хъуамæ салдæттæ здыйæ байдзаг кæыой йæ гуыбынЕ Уый разыйы тылд бакодта йæ сæр æмæ фидарæй: загъта: — Цæй бирæ у хæйрæджы хъару! — О, æыæмæнг, афтæ у! — сразы дæн æз йемæ. Фьщцаг хатт федтон æз афтæ бæлвырд Бур Дæли-? моны — Сыгъзæрины — тыхы стыр ахадындзинад; Стæгниз æмæ æндыонæг кæй ныххуынчъытæ кодтой, зæронды уыцы хус стджытæ, зæронд цармы голладжы йæ ихсыд буар, быроны хæррæгъы уыцы чысылгомау цæнд ныр разæнгард уыд мæнгарддзинады Бур Фыды æмæ удон кæ^ддзинады карз ф1æндонæй. Зæронды цæстытæ æрттывдтытæ калдтой дыууæ ног æвзист абазийы хуызæн æмæ æппæтæй дæр уый сси фидар- дæр æмæ хусдæр. Ныр тынгдæр уыд лæккадгæнæджы хуызæн, фæлæ йæ ныр æз базыдтон, йæ хæцау чи у» уый. — Куыд хъуыды кæныс ды аивады тыххæй? — ба- фарстон æй æз. Зæронд мæм æрбакаст, йæ цæсгомыл йæ къух æр хаста æмæ фæхъæлдзæгдæр. Ногæй та йæ цæсгомыл фæзынд сывæллоны цæстæнгас. — Куыд загътай? —афарста мæ уый. — Куыд, зæгъын, хъуыды кæныс аивады тыххæй? — О! — æнцадæй загъта уый. — Æз уый тыххæй хъуыды нæ кæнын, æз æй хуымæтæджы æгъдауæй æл- хæнгæ кæнын... — Уый мæнæн зындгонд у. Фæлæ кæд, мийаг, ды уымæн дæхирдыгонау исты аргъ кæныс, исты дзы до- мыс? — А! Кæй зæгъын æй хъæуы, мæнмæ ис мæхи до~ мæнтæ... Уый, уыцы аивад, хъуамæ уа хорз хиирхæф- сæн, — гъе, уый дзы домын æз. Цæмæй æз худон. Æз- цы хъуыддаджы дæн, уым худæгæй ницы уыйас ис. Хаттгай æнæмæнг сæры магъзы бауадзын хъæуы исты сабыргæнæн, хаттгай та дзы уадзын хъæуы, буары хъару чи цырен кæна, ахæм исты. Аивад царыл, кæнæ- къулыл куы фæкæнынц, уæд хъуамæ ахæм аивад адæймаджы мондаг кæна... Рекламæты фыссын хъæуы- тæккæ хуыздæр, æрттивагдæр ахорæнтæй. Реклам’æйæ ма миля дарддæр куы уай, уæд дæ хъуамæ уый ра- 62
цахса дæ тæккæ фындзæй æмæ дæ уайтагъддæр ба- хæццæ кæна, кæдæм дæм сиды, уырдæм. Уæд уыцы рекламæ уыдзæн, цы ’хца йыл хардз æрцыд, уый аргъ. Статуятæ æмæ вазæтæ бронзæйæ кæнын хуыз- дæр у, мраморы, кæнæ фарфоры бæсты: лæккадгæнæг æххуырст фарфор бронзæйæ тагъддæр асæттдзæн. Хи- аирхæфсынæн тынг хорз у уасджыты хæцынмæ æмæ уырыты хъуырдухæнмæ бакæсын дæр. Уыдæттæ а-х федтон Лондоны... тынг хорз сты! Бокс дæр хорз у» фæлæ дзы хъуамæ мæрдтæ ма цæуа... Музыкæ хъуамæ уа патриотон. Марш кæддæриддæр хорз у, æппæтæй хуыздæр у америкаг марш. Америкæ у дунейы тæккæ хуыздæр бæстæ, — гъе, уымæ гæсгæ америкаг музыкæ зæххыл æппæт музыкæтæй у хуыздæр. Хорз музыкæ вæййы, хорз адæм кæм ис, уым. Америкæгтæ сты тæк- кæ хуыздæр адæм. Уыдонмæ æппæтæй фылдæр ис æх- ца. Мах бæрц æхца никæмæ ис. Уымæ гæсгæ махмæ тагъд æрбацæудзæн æнæхъæы дуне... Æз.хъуыстон, уыцы рынчын сывæллон, йæхинæй бузныг уæвгæйæ, дзæнгæда куыд -цагъта, уымæ æмæ хæларзæрдæйæ хъуыды кодтон Тасманияйы хъæддаг лæгтыл. Афтæ зæгъынц, уыдон дæр, дам, лæгхортæ сты, фæлæ уыдонмæ уæддæр тьцхджын у эстетикон æнкъарындзинад. — Ды театры вæййыс?—бафарстон æз Бур Дæли- моны зæронд цагъайраджы, йæ цардæй кæй фæчъизи кодта, уыцы бæстæйæ цæмæй мауал æппæлыдаид, уый тырсхæй. — Театр, — о, кæй зæгъын æй хъæуы! Æз зонын, уый дæр аивад у! — фидарæй загъта миллионер. — Театр дæ зæрдæмæ цæуы? — Хорз у. Сæ къабаты хъуыртæ стыр ист кæмæи вæййынц, ахæм æрыгон сылгоймæгтæ дзы бирæ куы вæййы, ды та, уыдонæй уæлдæр куы фæбадыс, уæд! — радта дзуапп, ахъуыды кæнгæйæ. < — Театры фылдæр цы уарзыс? — бафарстон та æз дисгæнгæйæ. — О!—фæхъæр кодта уый, йæ дзых ныххæлиу кæн- гæйæ. — Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæтæй фылдæр дзы уарзын артисткæты, адæм сæ иууылдæр куыд уарзынц, афтæ... Артисткæтæ рæсугъд æмæ æвзонг 63;
.куы уой, уæд кæддæриддæр хæрзуынд вæййынц. Фæ- лæ^ æваст зын базонæн у, æцæгæй сæ æвзонг чи у, _уый. Уыдон иууылдæр сайхи мæнг хуызы афтæ хорз ^дарынц, æмæ... Æз æмбарын, уый сæ куыст у. Фæлæ хаттгай ахъуыды • кæныс —гъе, уый хъуыддаг у! Гъе, уый чызг у! Уалынмæ афтæ рауайы, æмæ йыл фæцагуы- дæс æмæ дыууиссæдз азы, стæй йын къаддæр-уæд лæр уыд дыууæ сæдæ уарзоны. Уый хъыгаг вæййы... Дирчы артисткæтæ хуыздæр сты театры артисткæтæй. -Уыдон кæддæриддæр вæййынц æрыгондæр æмæ тасаг- дæр... Æвæццæгæн уыцы хъуыддæгтæ уый хорз зыдта. Уый кæй радзырдта, уыдонæй суанг æз дæр ма цы- дæртæ фыццаг хатт фехъуыстон, кæд уыцы хъуыддæг- ты фæдыл мæхæдæг мæ цæргæ-цæрæнбонты фæзылд- тæн, уæддæр. — Æмдзæвгæтæ та дæ зæрдæмæ куыд цæуынц? — бафарстон æй æз. — Æмдзæвгæтæ зæгъыс? — афарста мæ уый, йæ цæстæнгас цырыхъытæм аздахгæйæ æмæ йæ тæрных ^æрбанцъылдтæ кæнгæйæ. Ахъуыды кодта, йæ сæр бæр- зонд систа æмæ мæм йæ дæндæгтæ иууылдæр февды-. ста. — Æмдзæвгæтæ? О, афтæ! Æз бирæ уарзын æм- дзæвгæтæ. Цард тынг хъæлдзæг уыдзæн, рекламæтæ иууылдæр æмдзæвгæтæй фыссын куы райдайой, уæд. — Чи у дæ уарз^н поэт? — фæтагъд кодтои æз æндæр фарст раттыныл. Зæронд мæм æрбакаст дисгæнгæйæ æмæ мæ сын- дæг бафарста: —. Куыд загьтай? Æз та йæ дыккаг хатт бафарстон. — Гъе уый худæджы адæймаг куы дæ! — загъта уый, дызæрдыггæнгæ йæ сæр батылдта, афтæмæй. — Цæй тыххæп хъуамæ уарзон æз поэты? Æмæ йæ цæ- мæн хъæуы уарзын? — Бахатыр мын кæн!— загътон æз, мæ тæрныхæй ^сид сæрфгæйæ. — Æз дæ ’афтæ бафæрсынмæ хъавыд- тæн, зæгъыц, цавæр чиныг уарзыс тынгдæр? Чекты -книжкæйыл нæ дзурын. — О! Уый хицæн хъуыддаг у! — сразы миллио- нер. — Æз уарзын дыууæ чиныджы — Библи æмæ 6*
Сæйраг Бухгалтероны. Уыдон дыууæ дæр æмхуызон ныфсджын^кæнынц зæрдæ. Суанг сæ дæ къухтæм куы райсай, уæддæр бамбарыс,' уыдоны тых кæй ис, уый. Уыцы тых та дын дæтты, цыдæриддæр дæ хъæ- уы, уый. — Хынджылæг мæ кæны! — ахъуыды кодтон æз æмæ йын лæмбынæг бакастæн йæ цæсгоммæ. Нæ. йæ цæстæнгасæй адæймаджы уæддæр уырнын кодта, цы- ма рæстытæ дзуры, афтæ. Уый къæлæтджын бандоныл бады, æнгуз йæ хъузджы куыд бахус уа, раст афта?, æмæ бæрæг уыд, йæ ныхæстæ йæхимæ раст кæй кæ* сынц, уый. — Афтæ! — дзырдта дарддæр уый, йæ къухты ных- тæм ракæс-бакæс кæнгæйæ: — уыдон иттæ! хоря чин- гуытæ сты! Иу чиныг ныффыстой пехуымпартæ, ин- нæйы та æз мæхæдæг. Мæ чиныджы бирæ ныхæстæ нæй. Уым цифрæтæ ис. Уыдон дзурынц, ад|æймаджы æнæгæдыйæ æмæ зæрдиагæй кусын куы бафæнда, уæд пæ бон цы бакæнын у, ууыл. Æз куы амæлон, уæд хъуамæ хицауад ныммыхуыр кæна мæ чиныг. Уад* æмæ адæм уыной, цæмæй афтæ бæрзонд ссæуай, уый тыххæй цы кæнын хъæуы, уый. Æмæ йæхицæй бузныг уæвгæйæ афæлгæсыд йæ алыфарс. Æз æмбæрстон, нæ ныхасæн кæрон скæнын афон ьæй у, уый. Алы адæймаг нæ ныббардзæн, исчи йæ йæ къæхты бын куы æууæрда, уæд. — Кæд, мийаг, наукæйы тыххæй исты зæгъдзы- нæ? — бафарстон æй æз сабырæй- — Наукæ?—миллионер хæрдмæ систа йæ æнгуылдз æмæ ныккаст цармæ. Стæй йæ дзыппæй систа сахат, æркаст, рæсггæг цас у, уымæ, сахаты сæр сæхкæдта, æмæ йын йæ рæхыс йæ æнгуылдзыл атыхта, афтæмæй йæ азылдта уæлдæфы. Уый фæстæ ныуулæфыд æмæ дзурын райдыдта: — Наукæ... о, æз зонын! Наукæ — чингуытæ сты. Кæд уыдоны Америкæйы тыххæй хорз фыссынц, уæд чингуытæ пайда сты. Фæлæ чингуыты арæк нæ фыс- сьщц рæстдзинад. Мæнæ... поэттæ, чингуытæ чи кæны, Уыдон, ллæнмæ гæсгæ, чысыл æхца кусынц. Алы адæй- ^аг дæр хъуыддаджы лæуд кæм у, уыцы бæстæйы 5 л^. Горькнй. 65
чингуытæ кæсынмæ никæйы æвдæлы. О, поэттæ мæ- сты сты, уымæн æмæ сын сæ чингуыты не ’лхæнынц. Хицауад хъуамæ хорз фида чиныгфыссæгæн. Æфсæст адæймаг кæддæриддæр хæларзæрдæ æмæ хъæлцзæс вæййы. Фæлæ кæд Америкæйы тыххæй чингуытæ хъæуы, уæд баххуырсын хъæуы хорз поэттæ æмæ уæд Америкæйы чи хъæуы, ахæм чингуытæ ныффысдзысты. Гъе, æндæр ницы. — Ды уæлæнгай аргъ кæныс наукæйæн, — бафип- пайдтон æз. Уый йæ цæстæнгас зæхмæ аздæхта æмæ хъуыды кæныныл фæцис- Стæй та скаст æмæ дарддæр дзырдта: — О, афтæ, ахуыргæнджытæ, философтæ... уыдон дæр наукæ сты. Профессортæ, акушеркæтæ, дантист- тæ, æз зонын. Авдакаттæ, дохтыртæ, инженертæ. Раст у уый, уыдон сеппаэт дæр æхсьюгон хъæуынц. Хорз наукæтæ... хъуамæ æвзæрдзинадыл ма ахуыр кæной... Фæлæ мын мæ чызджы ахуыргæнæг иу хатт афтæ загъта, зæгъгæ, дам, ис социалон наукæтæ... Уый æз не ’мбарын. Мæнмæ гæсгæуый зиан у. Социалистхорз наукæ не скæндзæн. Уæвгæ,. социалисттæ хъуамæ æп- пындæр ма кæной наукæ. Пайда кæнæ хиирхæфсæн чи у, ахæм наукæ кæны Эдиссон, о. Фонограф, сине- матограф — уыдон пайда сты. Фæлæ наукæтæ кабм уа, ахæм чингуытæ бирæ куы уой, уæд уый уæлдай у. Адæм хъуамæ ма кæсой, сæ зонды сын... алыхуызы дызæрдыгдзинад чи æвзæрын кæндзæн, ахæм чингуы- тæ. Зæххыл æппæтдæр цæуы, куыд æмбæлы,' афтæ... æмæ хъуыддæгтимæ чингуыты æмхæццæ кæнын ницæ- мæн хъæуы... Æз сыстадтæн. — О! Цæугæ кæныс?—бафарста мæ уый. — Цæуын! Ныр, цæугæ куы кæнын, уæд мын, æп- пынфæстаг, уæддæр куы бамбарын кæнис,—цы хпайда у миллионер уæвын? Дзуапп раттыны бæсты уый хæкъуырцц æмæ зæ- вæтдзагъд кæнын райдыдта. Чи зоны æмæ афтæ худын ахуыр уыд? — Уый ахуырæй у! — фæхъæр кодта мЯллионер^ ныуулæфгæйæ. — Цы у дæ ахуыр?—бафарстон æй æз. 66
— Миллиоиер уæвын... ахуыр у! Æз ахъуыды кодтон æмæ йæ фæстаг хатт бафар- стон: — Уæдæ дзæгъæлдзугæнджыты, опиум дымджы- ты æмæ миллионерты ды иу хуызы адæмыл ны- майыс? Æвæццæгæн æм уыцы пыхас хъыг фæкаст. Уый йæ цæстытæ ныйирд кодта, ацъæх ын сты æмæ дзуатш радта: — Мæнмæ гæсгæ, ды æсзæр хъомылгонд дæ. — Хæрзбон рау!—загътон æз. Мнллионер мæ фæдыл рацыд æмæ асинты уæллаг къæпхæныл лæугæйæ баззад, йæ цырыхъыты фындз- тæм кæсгæйæ. Йæ хæдзары раз фæзгонды уыд бæз- джын кæрдæг. Æз цыдтæн уыцы фæзгондыл æмæ цин- гæнгæйæ хъуыды кодтон, зæгъыы, нырæй фæстæмæ ни- куыуал фендзынæн уыцы адæймаджы. — Галло!—айхъуыстон мæ фæстæ. Фæкастæн фæстæмæ. Миллионер ма лæууыд къæ- сæрыл æмæ каст мæнмæ. — Гъы, сымахмæ та, Европæйы куыд у, уæлдай къаролтæ уæм ис?—уæззаугомау бафарста уый. — Мæнмæ гæсгæ уыдон иууылдæр уæлдай сты!— дзуапп ын радтон æз. Уый рахизæрдæм ату кодта æмæ загъта: — Æз хъавын мæхицæн дыууæ хорз къаролы бах- хуырсынмæ, куыд дæм кæсы? — Цæмæн дæ хъæуынц? — Хиирхæфсынæн, зоныс. Æз сын дзырд раттин. мæнæ ам боксæй куыд хæцой, афтæ... Уый бацамыдта хæдзары раз фæзгондмæ æмæ ма йæ ныхасыл фæрсæгау бафтыдта: — Боны иу сахатæй дыккаг сахат æрдæгмæ алы бон дæр, куыд дæм кæсы? Аходæны фæстæ сахаты, ’рдæг аивадæн раттын... æхсызгон у. Миллионер дзырдта æцæгæй æмæ бæрæг уыд, æп- пæтдæр кæй спайда кæндзæн йæ фæндон баххæст кæ- ныны тыххæй. — Æмæ дæ уыцы хъуыддагæн къаролтæ цæмæн хъæуы?—бафарстон æй æз. 67
— Ахæм хъуыддаг нырма ам никæмæ ма ис!—; зæгъгæ, мын бамбарын кодта цыбырæй- — Æмæ къаролтæ æрмæстдæр искæйы къухтæй’ куы хæцынц! — загътон æз æмæ рараст дæн. — Галло! — зæгъгæ, та мæм фæдзырдта дыккаг хатт. Æз та ногæй æрлæууыдтæы. Уый ма ныр дæр лæу- уыд йæ мидбынаты, йæ къухтæ йæ дзыппыты ны- тъысгæйæ. йæ цæсгомыл бæрæг уыд цавæрдæр сагъæс. — Цы зæгъынмæ ма хъавыс?—бафарстон æй æз. Уый йæ былтæ базмæлыи кодта æмæ уæззаугомау загъта: — Дæумæ гæсгæ уый цас слæудзæн—дыууæ къа- ролы боксы тыххæй баххуырсæггаг цас фидын хъæу- дзæн. ^ертæ мæйы дæргъы, алы бон дæр сахаты ’рдæг, и? МОРАЛЫ АХУЫРГÆНÆГ ...Уый мæнмæ æрбацыд фæсахсæвæр æнафон æмæ, гуырысхойæ мæ уатыл йæ цæст ахæсгæйæ, иыллæг хъæлæсæй бафарста: — Демæ хибарæй сахаты ')рдæг аныхас кæнын мæ бон у? йæ ныхасы, стæй йæ къæдз æмæ къæсхуыр гуырæй дæр бæрæг уыд, йæ зæрдæйы цавæрдæр сусæгдзинад æмæ удаистдзинад кæй уыд, уый. Уый афтæ арæхст- гай æрбадт, æмæ йын цыма й!æ даргъ æмæ цыргъ стджытæ бандон куы нæ баурома, уымæй тарсти. — Рудзынгæмбæрзæн æруадзæн нæй?—бафарста мæ ныллæг хъæлæсæй. — Дæ хорзæхæй!—дзуапп радтон æз æмæ йын уайтагъд баххæст кодтон йæ курдиат. йæ сæр мæм арфæйы æнкъуыст бакæнгæйæ, уый йæ цæстæй рудзынджы ’рдæм ацамыдта æмæ та но- джы сабырдæрæй бафиппайдта: — Æдзухдæр адæймагмæ сæ цæст дарынц. — Чи? — Кæй зæгъын æй хъæуы, репортертæ. Æз æм лæмбынæг бакастæн. Дарæсæй тынг арæзт уыд, суаиг ма æгæр къуыдипп арæзт дæр уыд, фæлæ^ 68
уæддæр зынди мæгуыр хуыз. Йæ гæмæх, цыппæрди- гъон сæры къуыдыр æрттывдтытæ калдта. Иæ цæсгом уыд лопъо даст, тынг къæсхуыр. Йæ цъæк цæстытæ худæгау кодтой. Цæсты ирд уæлтъыфæлттæ чысыл æруагъта. йæ уæлтъыфæлттыл-иу куы схæцыд æмæ мæм-иу комкоммæ куы ’рбакаст, уæд-иу мæм афтæ зынд, цыма цавæрдæр æнæбæрæг афтид бынаты лæу- уыдтæн. Бадгæ-бадын уый йæ зæнгтæ бакодта бандо- ны бын, йæ рахиз къухы армы тъæпæн сæвæрдта йæ уæрагыл, йæ галиу къухы та уыд шляпæ—котелок æмæ йæ æруагъта пъолмæ. йæ къухты даргъ æнгуылдз- тæ иу чысыл зырзыр кодтой, йæ æнгом æлвæст был- ты къуымтæ æрзæбул сты,—уыцы адæймаг йæ костюм зынаргъæй кæй балхæдта, уый бæрæг уыд. — Бар мын ратт демæ базонгæ уæвынæн,—ныу- улæфгæйæ æмæ рудзынгмæ зулаив бакæсгæйæ, рай- дыдта дзурын,—куыд дын зæгъон,—иу ныхасæй, æз дæн цæрæнбонты тæригъæдджын... Æз мæхи афтæ скодтон, цыма йын йæ ныхас нæ фехъуыстон æмæ æтте бакæсгæйæ мæхи сабыр дард- тон, афтæмæй йæ бафарстон: — Куыд загътай? — Æз дæн цæрæнбонты тæригъæдджын,—загъта та уый ногæй, фыццаг хатт куыддæриддæр загъта, афтæ, стæй ма йæ ныхасыл бафтыдта:—мæнæн мæ куыст—мæ дæсныйад у æхсæнадон моралы ныхмæ фыддзинæдтæ кæнын.,. Уыцы ныхæстæй бæрæг кодта æрмæстдæр хæдæф- сармдзинад, æз ын нæдæр йæ ныхæстыл, нæдæр йæ цæсгомыл нæ бафиппайдтон суанг миехалы бæрц дæр фæсмон. — Мийаг дæ... агуывзæ дон нæ хъæуы?—загътон ын æз. — Нæ, бузныг!—зæгъгæ’, дон нæ бакуымдта æмæ къæмдзæстыг хуызæй мæнмæ æрбакаст. — Ды, æнхъæлд’æн, бынтон бæлвырд не ’мбарыс мæн? — Куыннæ, куыннæ, цæмæн афтæ зæгъыс?—загъ- тон æз, европæйаг журналисттæ куыд фæкæнынц, аф- тæ æз дæр, цы нæ æмбæрстон, уый аивæй æмбæхсгæ- йæ. Фæлæ мыл, æнхъæлдæн, уый нæ баууæндыд. Иæ 69
котелок уæлдæфы тилгæйæ æмæ йæ мидбылты худгæ- йæ, дзурын райдыдта: — Æз чи дæн, уый цæмæй бамбарай, уый тыххæй дын иукъорд хъуыддаджы радзурдзынæн мæхи тых- хæй... Афтæ дзургæйæ, уый ныуулæфыд æмæ йæ сæр æруагъта. Æз та ногæй дисы бацыдтæн, уыцы ныу- улæфты æрмæст фæлладдзинад кæй уыди, ууыл. — Хъуыды кæныс,—райдыдта та уый дзурын, са- быргай йæ худ тилгæйæ,—газетты фыстой иу адæйма- джы тыххæй... ома расыггæнаджы тыххæй? Театрты цы хъæлæба рауад, уый тыххæй? — Уый фыццаг рæнхъы цы господин бадт, сценæ- йы худæджы ныв куы æвдыстой, уæд йæ бандонæй чи сыстад, йæ худ чи ныккодта æмæ йæ цæмæй аластаид, уый тыххæй бæхтæрæгмæ чи хъæр кодта, уымæй зæгъыс?—бафарстон æй æз. — О!—дзуапп радта уый æмæ ма йæ ныхасыл бафтыдта:—уый æз дæн. «Сырд, сывæллæтты хъизæ- марæй марæг», зæгъгæ, газеты цы уацхъуыд мыхуыр- гонд уыд, уый дæр мæн тыххæй фыст уыд,—«Иæ усы уæйгæнæг лæг», зæгъгæ, уыцы уацхъуыд чдæр афтæ*.. Уынджы сылгоймагæй æнæуаг митæ чи домдта, уыцы лæг дæр æз дæн... Иу ныхасæй мæн тыххæй алы къуы- ри дæр къаддæр-уæддæр газеттæ фыссынц иу хатт* æмæ алы хатт дæр, æгъдæутты хæлддзинад адæмæн бамбарын кæнын куы фæхъæуы, уæд... Æппæт уыдæттæ уый загъта сабырæй, тынг æнцон- æмбарæн ныхæстæй, æппындæр йæхицæй æппæлгæ нæ кодта, афтæмæй. Æз ницы æмбæрстон, фæлæ мæ нæ фæндыд, кæй ницы æмбарын, уый куы базыдтаид, уый- Æппæт фысджыты хуызæн, æз дæр, мæхи афтæ, скæнын, цыма цард æмæ адæмы раст мæ фондз æнгуылдзы хуызæн зонын. — Гъы!—загътон æз философы хъæлæсы уагæй.— Ахæм куыст дын исты æхсызгондзинад хæссы? — Æрыгон куы уыдтæн, уæд мын уыцы куыст хи- прхæф^æны хуызæн уыд, цы дын æй сусæг кæнон,— дзуапп радта уый.—Фæлæ мыл ныр фондз æмæ дыу- уиссæдз азы цæуы, ис мын ус, дыууæ чызджы... Ахæм уавæр тынг æнаив у, къуыри дæ дыууæ-æртæ хатты 70
фыдмитæгæнæг æмæ хæлддзинад хæлиугæнæгæй куы æвдисой газетты, уæд. Газетты фысджытæ та æппынæ- дзух сæ цæст дарынц махмæ, цæмæй нæ хæстæ хорз æмæ афоныл æххæст кæнæм, уый тыххæй... Æз барæй схуыфыдтæн, дис кæй кодтон, уый цæ- мæй бамбæхсон, уый тыххæй. Стæй йæ тæригъæдгæ- нæджы хуызæн бафарстон: — Уыцы куыст, æвæццæгæн, низау у дæуæн? Уый йæ сæр банкъуыста, ома «нæ», зæгъгæ, стæй йæ худ батылдта йæ цæсгомæн дымгæгæнæгау æмæ дзуапп радта: — Нæ, низ нæу, професси у- Æз дын загътон, зæ- гъын, мæ куыст у уынгты æмæ æхсæнадон бынæтты хыл. къахæн кæнын... Нæ бюройы иннæ æмбæлттæ бæрнон- цæр æмæ стырдæр хъуыддæгтæ кæнынц, зæгъæм: ди- ны æгъдæуттæ чи кæны, уыдоны исты хуызы бафхæ- рын, сылгоймæгты æмæ чызджыты халын, иу мин дол- лæры аргъ исты адавын... — Уый ныуулæфыд, йæ алыфарс аракæс-бакæс кодта æмæ ма йæ ныха’сыл бафтыдта:—Æмæ æндæр ахæм æнæуаг митæ... æз та ракъахын æрмæст чысыл загъд... Уый ныхас кодта, раст æрмгусæг йæ æрмгуыстяды тыххæй куьцд дзура, афтæ. Уыцы ныкас мæ мæсты кæнын райдыдта æмæ йæ æз дæр мæсты фарст акод- тои: — Æмæ разы нæ дæ ахæм куыстæй? — Нæ дæн!—зæгъгæ, радта дзуапп. йæ куыдфæндыйы ныхас адæймагмæ æвзæрын кодта стыр дис. Иу чысыл рæстæг ницы сдзырдтон, стæй йæ комкоммæ бафарстон: — Ахæстоны бадтæ? — Æртæ хатты. Æнæуый æз цы фыдраконддзинæд- тæ кæнын, уыдон’тыххæй иварæй стырдæр æфхæрд- даинад не ’мбæлы. Фæлæ йæ кæй зæгъын хъæуы — ивартæ фиды бюро... — зæгъгæ, мын бамбарын кодта уый. — Бюро, зæгъыс? — æнæбары йæ афарстон æз. — О, æнæмæнг афтæ! Бамбар, мæнæн ивартæ фи- дын мæ бон кæй нæу, уый! — загъта йæ мидбылты худгæйæ.—Дæс æмæ дыууиссæдз доллары къуыри— уый тыиг чысыл у цыппар бинойнагæн,.. 71
- — Уый тыххæй мæ ахъуыды кæнын бауадз, - загътон æз мæ бандонæй сыстгæйæ. — Дæ хорзæхæй!—сразы уый мемæ. Æз уаты уымæн йæ цурты размæ-фæстæмæ рацу- бацу кæнын райдыдтон, хъуыды кодтон психикон рынчыиты æппæт хуызтæ дæр мæ зæрдыл æрлæууын кæныныл. Мæн фæндыд, цæмæй рынчын у, уый сбæрæг кæ- нон, фæлæ мæ бон нæ уыд. Æрмæст иу хъуыддаг уыд бæлвырд—ома йæ уавæрæй сæрыстыр нæ уыд. Уый мæнæй йæ цæст нæ иста, йæ цола, ихсыд цæсгомыл зынди хæлар мидбылты худт æмæ фæразоиæй цæмæ- дæр æнхъæлмæ каст. — Уæдæ бюро зæгъыс?—бафарстон та йæ æз, йæ комкоммæ æрлæугæйæ. — О, бюро,—загъта уый. - — Æмæ дзы службæгæнджытæ бирæ ис? — Ацы горæты — 125 нæлгоймаджы æмæ 75 сыл- гоймаджы... — Ацы горæты зæгъыс? Уæдæ, æвæццæгæн... нтшæ горæтты дæр бюротæ ис? — Æппæт бæстæйы дæр, æнæмæнг!—загът^ уый, йæ мидбылты худгæйæ. Æз мæхицæн тæригъæд кæнын райдыдтон. —Æмæ... цы ми кæньшц...—бафарстон æз, —цы кусынц уæддæр уыцы бюротæ? — Халынц æгъдæуттæ, закъонтæ!—дзуапп радта уый, стæй бандонæй сыстад, къæлæтджыныл æрбэдг, йæхи айвæзта æмæ цымыдисæй ракæс-бакæс кæнын райдыдта мæ цæсгоммæ. Æвæццæгæн æм æз хъæддаг адæймаджы хуызæн кастæн æмæ мæ æфсæрмы дæр нал кодта. — Гъæйтмардзæ, уæдæ!—ахъуыды кодтон æз. Æп- пындæр кæй ницы æмбарын, уый хъуамæ ма зона...— Æмæ мæ къухтæ æууæрдгæйæ, æз хъæлдзæгæй рæвлч загътоп: — Уый диссаг у! Тынг диссаг! Æрмæст... цæмæн хъæуынц? — Цы?—йæ мидбылты худгæйæ, бафарста уый. — Зæгъын моралы закъонтæ халыны тыххæй уыцы бюротæ цæмæн хъæуынц? 72
Уый фæлмæн бахудт, ас адæймаг сывæллоны æдылыдзннадыл куыд бахуда, афтæ. Æз æм бакас- тæн æмæ ахъуыды кодтон, зæгъгæ, æцæгæйдæр царды æппæт бæллæхты гуырæн у æнæфенддзинад. — Куыд дæм кæсы, цæрын хъæуы, æви нæ?— бафарста мæ уый. — Хъæуы, кæй зæгъын æй хъæуы! — Æмæ уæдæ адджын цард кæнын хъæуы? — О, æнæмæнг! Мæ разы цы адæймаг бадт, уый сыстад, æрба- цыд мæм æмæ мын ме уæхск æрхоста. — Æмæ уæдæ цардæй бафсæдæн ис, моралы закъЬнт^æ куы нæ халай, уæд, и? ^ Уый мæнæй йæхи иуварс аласта, йæ цæст маем æрныкъуылдта, ногæй та къæлæтджыны йæхи па- рахатæй ауагъта, фых кæсаг тæбæгъы куыд ныд- дæргъ уа, афтæ, сигарæ фелвæста æмæ мæнæй бар дæр^ нæ райста, *афтæмæй дымыы райдыд[га. Стæй дарддæр дзырдта: — Кæмæн у æхсызгон æрыскъæфтæ хъылмаимæ хæрын? Стæй судзгæ спичкæ пъолмæ азыгъгъуытт кодта- Уæвгæ кæддæриддæр афтæ у, — лæг йæхи хуы- зæн æндæр лæгæй истæмæйты хуыздæр æмæ тых- джындæр у, уый куы бамбары, уæд уыцы адæй- маг йæ цæсты ницыуал вæййы æмæ дзы хынджылæг кæныныл дæр фæстиат нæ фæкæны. — Мæнæн зын у дæу бамбарын! — басастæн æзг комкоммæ йын йæ цæсгоммæ кæсгæйæ. Уый йæ мидбылты бахудт æмæ загъта: — Æз дæ зондджындæр æнхъæлдтон... Æфсæрмы нал кæнгæйæ, уый тамакойы æртху- тæг æркалдта комкоммæ пъолыл, йæ цæстытæ æр- дæгцъьшд бакодта æмæ йæ цæсты хауты ’хсæнты тамакойы фæздæджы уылæнтæм кæсгæйæ, дзурын райдьщта, хъуыдд!аг хсрз чи зона, ахæм чадæймаджы хъæлæсæй: — Ды хæрз чысыл зоыыс мораль цы у, уый» — гъе уый фиппайын æз... — Нæ, иу чысыл сæмбæлдтæн æз моралыл,— зæгъгæ, йын радтон дзуапп. 7*
Уый сигарæ йæ дзыхæй райста, йæ кæронмæ йый -æркаст æмæ философион æгъдауæй бафиппайдта: — Дæ тæрных къулыл куы ныццæвай, уæд уымæй, къул циу, уый нæма базондзынæ. — О, разы дæн демæ- Фæлæ цæмæдæр гæсгæ абз кæддæриддæр моралæй фæстæмæ схъиуын, пурти къулæп куыд схъиуа, афтæ... — Уый æвзæр хъомылгонд кæй дæ, уый бæрæг- гæнæн у!— загъта зæлланггæнгæ. — Хъуамæ афтæ дæр уа, — сразы дæн æз дæр.— Фæлæ кæй федтон, уыдонæн сæ тæккæ нæсæттондæр моралпст уыд мæ фыды фыд. Уый дзæнæтмæ зыдта <еппæт фæндæгтæ дæр æмæ йæ арм кæуыл дардта, уыдоны æдзух æппæрста уыцы фæидæгтæм. Æцæг- дзинад æрмæстдæр уый зыдта æмæ йæ бон цæмæй уыд, уыцы мадзæлттæй мораль тъыста йæ бинонты сæрты. Уый иттæг хорз зыдта, хуьихау адæймагæй ды домы, уый, æмæ суанг куыйты дæр æмæ гæдыты дæр ахуыр кодта, æнусон дзæнæтмæ цæмæй баха- уой, уый тыххæй сæхи куыд хъуамæ дарой, ууыл. •Фæлæ уый уæддæр уыд зыд, мæстыгæр æппынæдзух гæды ныхас кодта, æхца æфётау лæвæрдта пайда- йыл, æмæ йæм уыд æппæт моралистты æмæ хицæ- иæй алы моралисты зæрдæйы миниуæг—тыхджын тæппуддзпнад, уæгъд рæстæджы пы гæнæн æмæ цы амал ис, уымæй хæдзар’ы бинонты, æххуырстыты нæ- мын... Æз архайдтон, мæ фыды фыд фæлмæндæр цæмæй уыдаид, ууыл — иу хатт æй раппæрстон ру- дзынгæй, иннæ хатт та йæ ныццавтон кæсæнæй. Ру- дзыпг дæр æмæ кæсæн дæр нызгъæлæптæ сты, фæ- лæ мæ фыды фыд ницы фæхуыздæр уæддæр. Иу ны- хаеæп, уый афтæ амард моралистæй. Мæнæн та уæ- дæп фæстæмæ мораль сси иу цасдæр æнæуыноп... Чн зоны, æмæ ды исты ахæм зæгъай, æмæ мæ мо- ралимæ чи бафидауын кæна? — зæгъгæ, загътон æз уымæн. Уый фелвæста сахат, æркаст æм æмæ афтæ зæгъы: — Мæнæн рæстæг нæй дæуæн лекцитæ кæсы- нæн... Фæлæ дæумæ кæй æрбацыдтæн, уымæ гæсгæ 74
уæлдай нал у- Цы хъуыддаг райдыдтон, уый кæрон- мæ ахæццæ кæнын хъæуы. Чи зоны, æмæ мын ды истæмæй баххуыс кæндзынæ... Æз бирæ нæ дзур- дзынæн... Уый та ногæй йæ цæстытæ æрдæгцъынд æркодта æмæ адæймагмæ чи бахъардтаид, ахæм хъæлæсæй дзурын райдыдта: — Дæу мораль æнæмæнг хъæуы — уый дæ зæр- дылдар! Цæмæн хъæуы уый æнæмæнг? Уымæн æмæ уый хъахъæны комкоммæ дæу æнцойдзииад, дæ бар- тæ æмæ дæ мулк — æндæр хуызы дзургæйæ, уый хъахъæиы «хæстæгдæры» интерестæ. «Хæстæгдæр»,— уый та кæддæриддæр ды дæ, æндæр ничи, æмбарыс? Кæд дæуæн рæсугъд ус ис, уæд дæ алфæмблай ал- кæмæн дзурыс: «ма бахæлæг кæн хæстæг адæйма- джы усмæ». Кæд адæймагмæ ис æхца, галтæ, ца- гъайрæгтæ, хæрджытæ æмæ кæд уый са^рхъæн нæу, уæд хъуамæ уа моралпст. Мораль дæуæн пайда у, цыдæриддæр дæ хъæуы, уый дæм куы уа æмæ дæ æппæт уыдæттæ æрмæст дæхицæн бахъахъæнын куы фæнда, уæд; фæлæ дæм дæ сæры хъуынтæй уæлдай куы ницы уа, уæд уый пайда нæу. Уый æрсæрфтытæ кодта йæ гæмæх сæры къуы- дыр æмæ та дзурын райдыдта дарддæр: — Мораль у дæ интерестæ хъахъæнæг, ды ар- хайыс, дæ алыфарс цы адæмтæ ис, уыдоны зонды мораль бавæрыныл. Уынгты ды æрæвæрыс пъæлп- цæйæгты æмæ фæдсмудджыты, адæймаджы зæрдæ- йы ды тъыссыс бирæ алыхуызы æгъдæуттæ. Уыцы æгъдæуттæ хъуамæ уидæгтæ ауадзой уымæн йæ сæ- ры магъзы æмæ дзы цыдæрнздæр дæуæн хæрам хъ|уыдытæ уа, дæ фæндонты бартæн дзы, цыдæрид- дæр тæссагæй уа, уыдон сбæттой, ныххурх сæ кæной. Мораль уæлдай тыхджындæр у, экономикон ныхлæуд- дзинæдтæ тынгдæр кæм бæрæг кæнынц, уым- Мæнмæ цас фылдæр æхца уа, уыйас æз карздæр моралист уыдзынæн. Гъе Америкæйы, хъæздгуытæ афтæ бирæ кæм ис—уым уьгдон моралæй пайда кæнынц сæде бæхы тыхæй. Бамбæрстай? — О,—загътон æз,—фæлæ уæддæр бюро цæмæн хъæуы? 75
— Фæлæу-ма, — загъта уый, фидарæй йæ къух; хæрдмæ сисгæйæ. — Иуныхасæй мораль йæ размæ ’æвæры хæс æппæт адæмтæн дæр афтæ бамбарын кæнын, цæмæй дæ уыдон ныууадзой æнцад. «Фæлæ, дæумæ бирæ æхца куы уа, уæд дæм æвзæрдзæн бирæ фæндонтæ дæр æмæ дын уыдзæн æппæт фадæттæ дæр сæ баххæст кæнынæн, — афтæ, нæ? Фæлæ дæ. фæндонтæн сæ фылдæрæн баххæст кæнæн нæй, моралы æгъдæуттæ куы нæ фехалай, уæд... Уæдæ цы чындæуа, цы чындæуа? Лдæмæн амонын нæ хъæ- уы, дæхæдæг разы цæуыл нæ дæ, уы-й: афтæ аив ’нæу, стæй дыл хъуамæ адæм æууæндгæ дæр ма бакæной. Уыдон дæр сеппæт æдылытæ не сты... Зæгъæм: ды бадыс рестораны, нуазыс шампайнаг сæн æмæ пъа- тæ кæныс тынг рæсугъд сылгоймагæн, кæд дæ ус нæу, уæддæр... Ды адæмæн сеппæтæн æнæмæнг æх- хæсткæнинагыл пы нымайыс, уыцы цæстæнгасæй кæсгæйæ — ахæм митæ сты æнæуагдзинад. Фæлæ дæу рæстæг афтæ æрвитын æнæмæнг хъæуы: уый у дæуæп дæ ахуыр, уымæй дæхи ирхæфсыс æмæ дын дæтты цыдæр æхсызгондзинад- Æмæ дæ разы æр- лæууы ахæм фарста: куыд хъуамæ бафидауын чын- дæуа, адджын хæлддзинæдты- фæдыл ’хи уромыны тыххæй ды цы ныхæстæ кæныс, уыдоны, æмæ уы- донмæ ды цы уарзондзинад дарыс, уыдоны? Кæнæ зæгъæм афтæ. Ды æппæтæн дæр дзурыс—ма адав. Уымæн æмæ дæуæй давын куы райдайой, уæд дын тынг хъыг уыдзæн — афтæ нæу? Фæлæ кæд дæумæ æхца ис, уæддæр ма дæ тынг фæнды иу чысыл уæд- дæр адавын. Æртыккаг: ды фидарæй амоныс аф- тæ—вма амар. Уымæн æмæ дын дæ цард зынаргъ уг уый æхсызгон у, йедзаг у æхсызгондзинæдтæй. Уа- лынмæ дæ æвзалы къахæнты кусджытæ домын рай- дыдтой, сæ куысты мызд сын цæмæй фæфылдæр кæ- най, уый. Ды бар-æнæбары дæр фæсидтæ салдæт- тæм, æмæ — дæнг, дæнг. Цалдæр кусæджы фæмард сты. Кæнæ та афтæ: дæ товартæ кæм ауæй кæнай, уый нæй. Ды хицауадæн бамбарын кодтай хъуыддаг æмæ йæ уырнын кæныс, ног базар дæ байгом кæнын кæй хъæуы, уый. Хицауад иу чысыл æфсад æрвиты искæдæм Азимæ, Африкæмæ æмæ, къорд сæдæ кæ- 76
нæ мин туземаджы ныццæгъдгæйæ, баххæст кæны дæ фæндон... Æппæт уыдæттæн иумæйагæй ницы ие, адæймагуарзондзинады, хиуылхæцындзинады æмæ æгъдауы тыххæй ды цы амоныс, уыдæттимæ. Фæлæ кусджыты кæпæ туземæгты цæгъдгæйæ, дæ бон у дæхи сраст кæнын, ахæм хъуыддæгтæ паддзахады ин- тересты сæраппонд арæзт нæуынц, зæгъгæ. Паддза- ^адæн та цæрын йæ бон нæу, адæм дæу иитерестыл куы нæ кусой, уæд. Паддзахад — уый ды дæ, кæй зæгъын æп хъæуы, — хъæздыг лæг куы уай, уæд. Дæуæн уæлдай зындæр у лыстæг хъуыддæгты, — Аæлддзинады, дæвдтыты æмæ æндæр ахæмты. Иу ны- хасæй, хъæздыг адæймаджы позицп æнамонд пози- ди у. Уый æнæмæнг хъæуы, цæмæй йæ иууылдæр уар- зой, йæ мулкмæ йын куыд ничи æвнала, цæмæй йын йæ ахуыр мачи хала æмæ йын алчпдæр йæ усмæ, йæ хомæ, йæ чызджытæм кæса æгъдауджын цæстæн- гасæй. Фæлæ уыимæ уый æппындæр ницæмæн хъæ- уы адæмы уарзын, давгæ нæ кæнын, сылгоймæгтæм æгъдауджын цæстæй кæсын æмæ афтæ дарддæр нæ! Æппæт уыдæттæ йын хъыгдарынц комкоммæ йæхи ар- хайд æмæ æнæмæнг зиан сты йæ куысты æнтыстдзи- надæн. Стæмтæй фæстæмæ уымæн йæ æппæт цард дæр у иугуыр хуыснæгдзинад, уый стигъы мгинган адæмты, æнæхъæн бæстæ, — афтæ кæнын æй хъæуы йæ капиталы рæзты тыххæй, ома, бæстæйы прогрес- сы тыххæй — ды æмбарыс? Уый дæсгай сылгоймæг- ты халы, — уый тынг хорз хиирхæфсæн у æвдæлон адæймагæн. Æмæ кæй хъуамæ уарза? Æппæт адæ- мы дæр уый дих кæны дыууæ къордыл — иу къор- дæй уый давгæ кæны, иннæ къорд та уыимæ конку- ренци кæны уыцы хъуыддаджы. Фарста хорз кæй зоны, уымæй разы уæвгæйæ, оратор йæ мидбылты бахудт, æмæ, тамакойы сыгъ- дон уаты къуыммæ азыгъгъуытт кæнгæйæ, дзырдта дарддæр: —-г Афтæ уæдæ: мораль пайда у хъæздыгæн æмæ зиан у æппæт адæмæн дæр» фаэлæ уыимæ уый нæ хъæуы хъæздыджы æмæ æппæты та æнæмæнг хъæуы. Гъе, уымæ гæсгæ моралисттæ архайынц моралы принципты адæмы зæрдæты нытъыссыныл, сæхæдæг 7?
та сæ зæрдæйæ моралист нæ уæвгæйæ, сæхи æрмæст æвдисгæ афтæ кæнынц. Дарддæр: куыд бауырнын кæнын хъæуы адæмы, моралы закъонтæ сæ æнæмæнг æххæст кæнын кæй хъæуы, ууыл? ЦæстфæЛдахджытьг ’хсæп æууæнкджыи уæвын никæмæн у пайда, фæлæ адæмы бауырнын кæнын кæд къухы не ’фта, уæд спайда кæн гипнозæй. Афтæмæй æдзухдæр дæ къухы бафтдзæн. цы дæ фæнда, уый... Уый йæ сæр разыйы тылд бакодта æмæ иæ цæст фæныкъулгæйæ, дыккаг хатт загъта: — Бауырнын кæнын д]æ бон куы нæ уа, — уæд сайгæ кæн. Стæп йæ къух мæ уæрагыл æрæвæрдта, мæ цæс- гоммæ мын æрбакаст, æмæ, йæ хъæлæс фæныллæгдæр кæнгæйæ, дзырдта: — Дарддæр цы дзурæм, уый махæй дарддæр куыд нæ ацæуа, афтæ, хорз? Æз мæ сæр разыйы тылд бакодтон. — Æз цы бюройы кусын, уый сайы æхсæнадон цæстæнгас. Уый у Америкæйы хигъæдондæр кусæн- дæттæй иу — курын дæ, æмæ йæ дæ зæрдыл ба- дар, — сæрыстырæп загъта уый. Æз та ноджыдæр мæ сæр разыйы тылд ба- кодтон. —Ды зоныс,—ныхас кодта уый дарддæр, — мах бæстæ æрмæстдæр иу тырнындзинадæй кæй цæры, уый—-æхца кæнынмæ тырнындзинадæй. Ам æппæт дæр фæнды, хъæздгуытæ куьц уаиккой, уый æмæ адæймаг адæймагæн у, кæ’ддæриддæр иукъорд муры сыгъзæрин ралæмарæн кæмæй ис, æрмæстдæр ахæм æрмæг. Æмæ æппæт цард дæр у адæймаджы дзидза- йæ æмæ тугæй сьцгъзæрин лæмарыны процесс. Адæм ацы бæстæйы — æз куыд фехъуыстон, афтæмæй сты, бур металл кæмæй исынц, ахæм æрзæт, прогресс — уый у дзыллæты æппæт тыхтæ иу ранмæ æмбырд кæнын, ома адæймаджы дзидзапæ, стджытæй æмæ нервытæй сыгъзæрин рауайын кæнын. Уыцы хъуыд- даг алы ран дæр афтæ у. Цард афтæ хуымæтæг арæзт у... — Уый комкоммæдæхæдæг афтæхъуыды кæныс? — зæтъгæ, йæ бафарстон еез. 73
— Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ, — загъта уыГг сæрыстырæй. — Уый æрмæстдæр кæйдæр хуымæтæ- джы фантази у... Мæнæн мæ зæрдыл нæ лæууы, уыны фантази мæ сæрмæ, куыд æрцыд, уый... Æз дзы фæпайда кæнын, æрмæстдæр æдылы... адæпмæг- тимæ куы фæдзурын, уæд. Дзурын дарддæр. Ам адæмы не ’вдæлы æнæуагдзинæдтæ кæнынмæ — уый тыххæй сын уæгъд рæстæг нæй. Тырсджын куыстьь сахæттæ адæймаджы афтæ ихсийын кæнынц, æмæ йæм нæдæр тых баззайы, нæдæр фæндон улæфты сахат тæригъæд хъуыддаг бакæнынмæ- Адæмæн хъуыды кæныны рæстæг нæй, уыдонмæ тых нæй, ис- ты сæ цæмæй бафæнда, уый тыххæй, уыдон цæрынц. æрмæстдæр куыстæй, æрмæст куыстæн, æмæ сын уый сæ цард ’аразы æгъдауыл, нывыл. Кæд ма искуы иу хатт, бæрæгбоны, къорд сæрæн лæппуйы иу дыууæ негры æрцауындзой, фæлæ уый — моралы ныхмæ нæу, уымæн æмæ иегр урсцъар нæу, ноджы уыдон, уыиы негртæ, ам бирæ сты. Адæм иууылдæр- сæхи, куыд æмбæлы, афтæ дарынц æмæ æнæзмæлгæг рагон дины моралы къуындæг агъуды æлхъывд æгъ- дæуттæ иу чысыл дæр хæлд куы цæуой, уæд уыцы хъуыд|даг тынг бæрæг кæны, сæджы стыæлфы хуы- зæн. Уый хорз у, фæлæ уый æвзæр дæр у. Æхсæ- нады уæлдæр класстæн сæ бон у сæрыстыр уæвын мæгуыргурты æгъдауæй, фæлæ уыимæ ахæм æгъдау хъыгдары хъæздгуыты сæрибардзинад. Хъæздгуы- ’ тæм ис æхца, уæдæ афтæмæй уыдонæн бар ис, куыд сæ фæнды, афтæ цæрыны тыххæй,- мораль æрдумæ, дæр нæ даргæйæ. Хъæздгуытæ — зыд сты, æфсæст адæм—æнкъараг сты, æвдæлон адæм — хæлд сты. Хæмпæлгæрдæг — сойджын зæххыл рæзы, хъахбай- дзинад — бухъ царды. Уæдæ цы чындæуа? Моралы ныхмæ лæууын хъæуы? Афтæ кæнæн нæн, уымæн æмæ уый æдылы хъуыддаг у- Адæм цæмæй æгъдау- джын уой, уый дын кæд пайда у, уæд зон дæ хъуаг- дзинæдтæ æмбæхсын... гъе, æндæр ницы. Уым ногæй ницы уый бæрц ис... Уый аракæс-бакæс кодта æмæ йæ ныхас ноджы фæсабырдæр кодта. — Гъе, æмæ Нью-Йорчы уæлдæр æхсæнады ми- 79^
иæвæрттæ ныххæцыдысты иу диссаджы амондджын хъуыдыйыл. Уыдон сфæнд кодтой бæстæйы сусæг æхсæнад саразын моралы закъонтæ халыны тых- тæй. Æхцаты бавæрдтыты фæрцы æмбырдгонд æр- цыд стыр капитал, æмæ бæстæйы алы горæтты бай- гом — кæй зæгъын æй хъæуы сусæгæй — бюротæ -æхсæнадон цæстæнгас сайыны тыххæй. Баххуырстой алыхуызы адæймæгты, мæнæ дæ коммæгæс лæккад- гæнæджы хуызæтты, æмæ сын бафæдзæхстой æгъда- уы ныхмæ фыдраконддзинæдтæ кæнын. Алы бюройы сæргъы дæр лæууы зæрдæдаргæ æмæ фæлтæрдджын адæймаг æмæ уый разамынд дæтты службæгæнджы- ты архайдтытæн æмæ уары куыстытæ... Уый искуы- иу хаттæй фæстæмæ вæййы иу кæнæ иннæ газеты редактор... — Æз не ’мбарын, "бюроты хæстæ цы сты, уый!— загътон хъынцъымгæнгæ- — Бынтон хуымæтæджы хæстæ! — загъта уый. Уалынмæ дын йæ цæстæнгас æвдисын райдыдта тасдзинад æмæ цыма тыхсгæйæ цæмæдæр æнхъæл- мæ каст, афтæмæй сыстад йæ бынатæй, йæ къухтæ йæ фæсонтыл сæвæрдта æмæ сабыргай рацу-бацу кæнын райдыдта уаты къуымты. — Бынтон хуымæтæджы хæстæ!—загъта та дыккаг хатт. — Æз дын раздæр загътон, мæгуыр класстæп рæстæг кæй нæй. Уымæ гæсгæ æнæгъдау митæ чысыл кæнынц. Афтæмæй та æнæмæнг хъуамæ æгъдау хæлд цæуа — æппынæдзух ын уыцы-иу хуы- зы уадзæн нæй зæронд абадгæ чызджы хуызæн. Аф- тæ кæнын хъæуы, цæмæй æдзух хъæр кæной æгъда- уы тыххæй, уый къуырма кæны æхсæнады æмæ йын фадат нæ дæтты рæстдзинад хъусынæн. Доны тьтнг бирæ лыстьпæ куы ныккалай, уæд æй дæ цæст уын- гæ дæр нæ фæкæндзæн, афтæмæй се ’хсæнты аленк кæпдзæн стыр хъæд дæр. Кæнæ та, зæгъæм, дæ сы- хаджы дзыппæй æхцадон арæхсгай куы нæ фелвасач æмæ дæхицæн базонынæн куы фæтæрсай, уæд армы- дзаг æнгузтæ чи адавта, уыцы гыццыл лæппумæ адæмы цæстæнгас афоныл куы аздахай, уæд дæ хъуа- мæ уыцы хъуыддаг фервæзын кæна загъдæй- Æр’- мæст тынг хъæр кæн- «уæртæ—давæг»! Мах бюро ку- ;80
сы бирæ гыццыл хъæлæбатæ аразыныл стыр фыдра- конддзинæдтæ сусæг кæныны тыххæй. Уый ныуулæфыд, уаты астæу æрлæууыд æмæ ныхъус. -, , ’ — Зæгъæм, горæты айхъуыст хабар, зæгъгæ, дам, ахæм æмæ ахæм нымад æмæ кадджын лæг нæ- мы йæ усы. Уæд бюро æвæстиатæй мæнæн æмæ иу- къорд æмбалæн бахæс кæны, нæ устыты нæмын куыд райдайæм, афтæ. Мах дæр сæ нæмын райдайæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ устытæ хъуыддаг фем- барынц æмæ фæдис кæнын райдайынц тынг хъæрæй. Уый тыххæй фыссын райдайынц æппæт газеттæ дæр æмæ уыдон кæй сцъиувæдис вæййынц, уый фæрцы рох кæнынц, нымад æмæ кадджыи лæг йæ усмæ цы цæстæй кæсы, уый тыххæй хабæрттæ. Афтæмæй иы сты хабæрттæ, дæ цæстыты раз бæлвырд хъуыддæг- тæ куы цæуа, уæд. Кæнæ зæгъæм, дзурын райда- пынц, сенаторты кæй балхæдæуыд, уый тыххæй. Ахæм рæстæджы бюро æвæстиатæй саразы пъæлицæ- йы къорд чиновничы балхæныны хъуыддаг æмæ аф- тæмæй адæмы раз раргом кæны пъæлицæйæгты уæй- йагдзинад, ногæй та ныхæстæ фæвæййынц хъуыд- дæгты бын. Кæнæ уæлдæр æхсæнадæй исчи баф- хæрдта сылгоймаджы. Уæд уайтагъддæр ресторан- ты, уынгты æфхæрд æрцæуынц къорд сылгоймаджы. Уæд уæлдæр æхсæнады адæймаг цы æнæуаг. ми ба- кодта, уый нал разыны. Æмæ кæддæриддæр афтæ алы хъуыддаджы дæр. Стыр давды фæкæнæм гыццыл дæвдтыты цæнды бын, иу ныхасæй æппæт стыр фыдраконддзинæдтæ дæр фæвæййынц лыстæг фыдраконддзинæдты кæри- йы бын. Гъе, уый дын бюройы куыст. Стæй рудзынджы размæ бацыд, аивæй уынгмæ акаст æмæ та ногæй æрбадт бандоныл æмæ дард- дæр дзурын райдыдта сабырæй: — Бюро америкаг æхсæнады уæлдæр классы хъахъæны адæмты тæрхонæй, фæлæ уыцы иу рæстæ- джы хъæздгуыты хæлддзинад сусæг кæныны тых- хæй моралы закъонтæ хæлд цæуынц, зæгъгæ, æдзух хъæр кæнгæйæ, адæмы сæртæ дзæгъæл кæнæм лыс- тæг хъæлæбатæй. Афтæмæй адæм æдзух сты гипно- 6 М. Горышй. 81
зы уавæры, уыдонæн фадат нæй хæдбарæй ахъуь^ ды кæныны тыххæй æмæ хъусынц æрмæстдæр газет- тæм. Газеттæ сты миллионерты, бюро дæр сарæзтой уыдон... Ды æмбарыс! Уый бынтон хицæн хуызы хъуыддаг у... Уый басабыр, ныхъуыды кодта, йæ сæр дæлæуæз æруадзгæйæ. — Бузныг,—загътон ын æз.—Ды мын тынг би- рæ диссаджы хабæрттæ фехъусын кодтай. Уый йæ сæрыл схæцыд æмæ мæм æнкъардæп æрбакаст. — Ай-гъай, кæй зæгъын æй хъæуы, уын дис- саг у! уæззаугомау æмæ хъуыды гæнгæ загъта уый. — Фæлæ мæ уыцы куыст фæллайын кæнын райдыдта. Мæнæн бинонтæ ис, æртæ азы размæ мæ- хицæн сарæзтон хæдзар... иу чысыл мæ баулæфын фæнды. Мæ куыст зын хъуыддаг у. Æхсæнад цæмæй моралы закъонтæ нымайа, уый — æллæх-æллæх!—æн- цон хъуыддаг нæу! Ды ма ахъуыды кæн, мæнæн зиан у нозт, фæлæ æз хъуамæ расыг кæнон, æз уар- зын мæ усы, мæ бинонты сабыр цард, фæлæ æз хъуамæ зилон ресторантыл æмæ хылкъахæн кæнон... æмæ æппынæдзух хъуамæ мæхи уынон газетты... Кæй зæгъын æй хъæуы, фæсномыгæй, фæлæ уæд- дæр... искуы схъæр уыдзæн мæ æцæг ном, æмæ уæд... мæн бахъæудзæн горæтæй ацæуьщ... Мæн хъæ- уы, исчи мын цæмæй бафæнд кæна, уый... Æз дæу- мæ æрбацыдтæн, цæмæй мын радзурай, мæ хъуыд- дагмæ куыд кæсыс, уый... тынг суйтæгонд хъуыд- даг у! — Дзургæ кæн! — загътон æз. — Ды зоныс, — райдыдта уый дзурын, — фæстаг рæстæджы хуссайраг штатты æхсæнады уæлдæр классты адæмтæ сæхицæн уарзæттæ кæнынц неграг чызджыты... Уымæй дæр дыгæйттæ æмæ æртыгæйт- тæ уыцы иу рæстæджы- Уый тыххæй дзурын райдыд- той алы ран дæр. Устытæ мæсты кæнынц сæ лæг- тæм. Иуæй-иу газеттæ сылгоймæгтæй райстой пис- мотæ. Сылгоймæгтæ сæ писмоты æргом кæнынц сæ лæгты митæ. Тæссаг у, стыр хъаугъа куы рауайа, у^шæй. Бюро æвæстиатæй бавнæлдта, махмæ сæ’ 82
куыд хонынц, афтæ къорд «контрфакты» саразын- мæ. Æртындæс агенты — æмæ уыдонимæ æз дæр — хъуамæ æвæстиатæй скæнæм неграг уарзæттæ. Ды- гæйттæ æмæ суанг æртыгæйттæ дæр... Уый мæсты гæпп фæкодта бандонæй æмæ, йæ къух йæ сюртукы дзыппыл авæргæйæ, загъта: — Мæнæн мæ бон нæу афтæ бакæныы! Æз уар- зын мæ усы... æмæ мын афтæ бакæныны барнæратт- дзæн, сæйрагдæр уый у! Æппынфæстаг уымæй дæр ма иу уарзон скæнын уæддæр куы хъæуид! — Ма сразы у! — бафæнд ын кодтон æз. Уый мæм æрбакаст фæсмон кæнгæйæ. — Æмæ мын уæд къуыри 50 доллары чи бафид- дзæн? Стæй, мийаг, æнтыстдзинад куы равдисон, уæд хæрзиуæг? Нæ, уыцы фæнд ды ныууадз дæхи- цæн... Америкаг адæймаг æхцайыл «нæ» нæ зæгъ- дзæн, суанг куы амæла, уый фæстæ дыккаг бон дæр- Æндæр исты мын бафæнд кæн. — Мæ бон нæу! — загътон æз. — Гъы! Цæуылнæ у дæ бон? Сымах, европæйæг- тæ, тынг рæузонд стут æгъдауы фарстаты мидæг... уæ хъахбайдзинад махæн зындгонд у. Уый афтæ загъта, йæ ныхæстæ раст кæй сты, ууыл фидарæй æууæндгæйæ. — Цы, уый зоныс, — дзырдта уый дарддæр, мæн- мæ йæхи ’рбахæстæг кæнгæйæ, — æвæццæгæн дæуæн ■ европæйаг зонгæтæ ис? Мæн уырны, ахæм зонгæтæ дын кæй ис, уый! — Цæмæн дæ хъæуынц? — бафарстон æй æз. — Цæмæн, зæгъыс? — Уый мæнæй иу санчъех фæстæдæр акодта æмæ йæхи æикъард хуыз скодта.— Мæнæн æппындæр мæ бон нæу неграг чызджытимæ ахæм хъуыддаг мæхимæ райсын. Ахъуыды ма кæн дæхæдæг: мæ ус мын афтæ бакæныны бар нæ ратт- дзæн, стæй йæ æз уарзын- Нæ, мæ бон нæу... Уый йæ сæр хъаруджын æнкъуыст бакодта, йæ гæмæх сæрыл йæ ^къух æрхаста æмæ та сындæггай ныхас кæнын райдыдта: — Мийаг мын ды нæ бацамонис, уыцы хъуыд- даг йæхимæ чи райсид, ахæм европæйаджы? Уыдон æгъдау ницæмæ дарынц, уыдонæн уæлдай нæу! Мæ- 6* 83
гуыр эмиграпттæй нскæйы, и? Æз фидын къуыри: дæс доллæры. хорз у? Æз мæхæдæг уынгты рацу-ба-; цу кæндзынæи неграг чызджытимæ... иу иыхасæй, æз æппæтдæр мæхæдæг бакæндзынæн, — уый та хъуамæ бацархайа, сывæллæттæ цæмæй райгуырой, ууыл. Фарста алыг кæнын хъæуы абон изæрæй... Ды .ма ахъуыды кæн, хуссайраг штатты уыцы хъуыд- даг афоныл алы быроны бын куы нæ фæкæнæм, уæд цавæр хъаугъа рауайдзæн, ууыл! Æгъдауы фæуæ- лахиздзинады иптересты сæраппонд æнæмæнг тагъд кæнын хъæуы... ...Уый уатæй куы ралыгъд, уæд æз бацыдтæн ру- дзынгмæ æмæ йæ сæры хъæбæрыл цы къух ныццав- тон, уый авæрдтон рудзынджы авгыл, цæмæй йæ ауазал кодтаин, уый тыххæй. Уый та лæууыд рудзынджы бынмæ æмæ мын цы- дæртæ амыдта. — Цы дæ хъæуы? — бафарстон æй æз, рудзынг гом кæнгæйæ. — Мæ худ рахæссын мæ ферох! — загъта уый, цыма ницы æрцыд, уый хуызæн. Æз пъ’олæй систон котелок æмæ йæ раппæрстэн уынгмæ. Стæй, рудзынг æхкæнгæйæ, фехъуыстон хъуыддаджы фарст: — Æмæ æз къуыри фынддæс доллæры куы фи- дон, уæд та? Уый хорз мызд у! 1906 аз. ЦАРДЫ ХИЦÆУТТÆ — Цом мемæ æцæгдзинады гуырæнтæм! — загъ- та мын худгæйæ Иблпс æмæ мæ æркодта уæл- мæрдтæм. Æмæ зæронд дурты æмæ ингæнты сæртыл цæн- гæт къæйты ’лсæн нарæг къахвæндæгтыл мах сын- дæггай рацу-бацу куы кодтам, уæд уый дзырдта, æнæпайдайæ йæ зонындзинад амонынæй чи бахъыг, ахæм зæронд профеосоры фæлмаест хъæлæсæй. — Дæуæн дæ къæхты бын, — дзырдта уый мæ-, нæн, — хуыссынц, закъонтæ чи арæзта, уыдон. Уыцьп 84
закъонтæ разамынд дæтсынц дæуæн, ды дæ цыры- хъыты пъадошæй ссæндыс плотникты æмæ куырдты мæрдты, дæ риуы дын сырдæн кълеткæ чи са- рæзта, уыдоны мæрдты. Афтæ дзургæйæ, уый адæммæ æнæуынон худт бакодта, ингæнты кæрдæгмæ æмæ цыртыты хъуына- мæ æнкъардæй акæсгæйæ. Мæрдты сойджын зæхх стыр тъыфылтæй хæцыд мæ къæхтыл, æмæ зын цæ- уæн уыд царды зондджын адæмы ингæнты цыртыты æхсæнты къахвæндæгтыл. — Гъе, адæймаг, ’дæ уд дын чи сарæзта, уыдоны мæрдтæн арфæйы уагыл дæ сæрæй цæуылнæ аку- выс?—афтæ афарста Иблис, фæззыгон уымæл дымгæ цыма кодта, ахæм хъæлæсæй, æмæ уый хъæлæсы хаттæй мæ буар дыздыз кодта, мæ зæрдæ рысти. Адæмты зæронд ингæнты сæрмæ сабыргай æнкъуы- сыдысты бæлæсты къалиутæ. Æмæ-иу уазалæй æмæ уымæлæй аныдзæвыдысты мæ цæсгомыл. — Аккаг аргъ скæн мæнгæхцагæнджытæн! Уый уыдон сæвзæрын кодтой бирæ ницæйаг, æнæуд хъуы- дытæ — дæ зонды лыстæг æхцатæ, уыдон сарæзтой ахуыртæ, дæ мæнг æнхъæлцтæ æмæ ды цæмæйдæрид- дæр цæрыс, уыдоны сеппæты дæр. Арфæ сын кæн — стыр бынтæ дыи баззад. Бур сыфтæртæ æнцадгай хаудысты мæ сæрыл æмæ-иу сæхи æруагътой мæ къæхты бынмæ- Уæл- ,мæрдты зæхх зыду цъæм-цъæм кодта, ног холлаг — фæззыгон бонты хус сыфтæрты ныхъуыргæйæ. — Мæнæ ам хуыссы, адæмты удтыл рагагъом- мæ æууæидын кæныны уæззау цъæх пæлæзтæ чи кодта, уыцы хуыйæг, — куы йæ фенис, уый дæ фæнды? Æз æнæдзургæйæ мæ сæр æркъул кодтон. Иблис йæ къахæй ныццавта, ингæнтæй нуы уæлæ зæронд, згæ кæй бахордта, ахæм къæйы, ныццавта йæ æмæ загъта: — Эй, чингуытæ фыссæг! Уæлæмæ сыст... Къæй хæрдмæ систа йæхи, æмæ змæнтгæ кæй скæнай, ахæм цъыфы бæзджын улæфтæй улæфгæйæ, байгом, уæлæнгай ингæн, æмбыд æхцадоны хуызæн. Ингæны талынг уымæл къуымæй райхъуыст: 85
— Чи хъал кæны уый мæрдты дыууадæс сахаты фæстæ? — Уыныс? — худгæйæ бафарста Иблис. — Цар- ды закъонтæ чи сарæзта, уыдон сæхиуыл иузæрдиоц сты, суанг куы бамбийынц, уæд дæр. — А, уый ды дæ, Хицау! — загъта стæгдар, ингæ- . ны кæрон æрбадыныл архайгæйæ, æмæ хæдбарæй йæ сæры афтид къуыдыр батылдта Иблисмæ. — О, уый æз дæн!—дзуапп радта Иблис. — Мæ- нæ дæм æз æрбакодтон мæ лымæитæй иуы... Ды зон- дыл кæй сахуыр нод|гай, уыцы адæмты '(хсæн уый сæдылы æмæ ныр æрцыди, ахæм зонд фыццаг кæ- мæй рацыд, уымæ, цазмæй низæй йæхи сдзæбæх кæна, уый ты’ххæй... Æз уыцы зондджынмæ кастæн, куыд æмбæлы, афтæ кад кæнгæйæ. Йæ сæргæхцы стджытыл нал уыддзидзайы мур, фæлæ хиуыл æрвæссындзинады æнгас нæма бамбыд йæ цæсгомыл. Алы стæг дæр дыдзы рухс кодта бынтон хицæнхуызон, æппæтæй хуыздæр стджыты системæйæ кæй у, уый æмбаргæ- йæ, уымæй бузныг уæвгæйæ... — Цы бакодтай ды зæххыл, радзур-ма сæ ма- хæн! — загъта Иблпс. Мард ныфсджынæй æмæ сæрыстырæй йæ къухты стджытæй адзæбæхтæ кодта, йæхæдæг цы хъуымацы тыхт уыд, уый бызгъуыртæ^æмæ ма йæ фæрсчытыл цы дзидзайы мæгуыр муртæ аззад, уыдон. Стæй йæ рахиз къухы стджытæ хæрдмæ систа нæ уæхсчыты æмвæз æмæ, йæ бæгънæг æнгуылдзы хъулæй уæа- мæрдты талынгмæ амонгæйæ, хъæддыхæй æмæ æнæ- къæзгæйæ дзурын райдыдта: — Æз ныффыстон дæс стыр чиныджы. Уыцы чингуытæй адæмы бауырныдта, урсцъар адæмтæ сау- цъар, бурцъар адæмтæй хуыздæр кæй сты, уый... — Уыпы ныхас рæстдзинады æвзагмæ раивгæ- йæ, — загъта Иблис, — амоны афтæ: æз, æнæпайда, зæронд чызг, мæ цæргæ-пæрæнбонты мæ зонды къуымых судзинæй кодтон æдылы æмбæрзæнтæ дæрдджын идейæты хæррæгъ æрдутæй, йээ сæры къуыдыр æнцопдзинады æмæ хъармы дарын чи уар- зы, уыдонæн... 86
— Ды нæ тæрсыс, куы йæ бафхæрай, уымæй? — бафарстон æз сабыргай^ Иблисы. — Нæ! — фæхъæр кодта уый. — Зондджынтæ уæлæуыл дæр хорз нæ хъусынц рæстдзинад! — Æрмæстдæр урс расæйæн йæ бон уыд,—дзырдта дарддæр зондджын, — ахæм вазыгджын цивилиззци саразын æмæ æгъдауы ахæм фидар принциптæ ба- кусын; ахæм хъуыддæгтæ уыцы расæйæн йæ къухы бафтыдысты йæ цармы хуызы фæрцы, йæ туджы конды фæрцы, уыцы хъуыддаг афтæ кæй у, гъе уый æз сбæлвырд кодтон... — О, уыцы хъуыддаг уый сбæлвырд кодта! — загъта Йблис, йæ сæр разыйы тылд кæнгæйæ.—Карз уæвыны бар ын кæй ис, ууыл европæйагæй тынгдæр чи æууæнды, ахæм хъæддаг адæмæй дæр нæй... — Чырыстон дин æмæ гуманизм арæзт сты урс- цъар адæмы зондæй, — дзырдта дарддæр мард. — Æппæт зæхх дæр кæй хъуамæ уа, уыцы зæд- ты расæ,—зæгъгæ, йын йæ ныхас фескъуыдта Иб- лис. — Гъе уымæ гæсгæ уыдон зæхх ахорынц туджы хуызæн сырх, сырхæй фылдæр уыдон никæцы хуыз уарзынц... — Уыдон сарæзтой тæккæ хъæздыгдæр литерату- рæ, диссаджы хорз техникæ, — нымадта мард, йæ æнгуылдзты стджытæ змæлын кæнгæйæ... — Иу дæс æмæ ссæдз хорз чиныджы æмæ æнæ- нымæц хæцæнгæрзтæ адæмы цæгьдыны тыххæй...— бамбарын кодтз- Иблис худгæйæ. — Цард уыцы ра- сæйы ’хсæн куыд тынг дихгонд у, афтæ кæм У, стæй адæймаг урсцъар адæмы Ъссæн куыд æгад бынаты ис, афтæ кæм у? — Кæд, мийаг, Иблис æдзух раст нæ вæййы? — бафарстон æз. — Европæйæгты аивад тынг бæрзонд сырæзыд,— дыгъал-дыгъул кодта стæгдар æнæуд хъæлæсæй, æн- къардæй- , — Чи зоны, æмæ Иблисы фæрæдийын дæр ба- фæндыдаид! — фæхъæр кодта ме ’мбæлццон. — Æп- пынæдзух раст уæвын æнкъард хъуыддаг у. Фæлæ адæм цæрынц æрмæстдæр уымæн, цæмæй æвзарой мæ æнæуынондзинад... Æиаккагдзинады æмæ мæн- 87
гарддзпнады нæмгуытæ куы байтауай, уæд уымæй хъæздыгдæр тыллæг ничи дæтты зæххыл. Мæнæ та- уæг дæ разы. Куыд уыдон сеппæт, афтæ уый дæр ногæй нииы сарæзта, æрмæст рагон мæнг хъуыдытæ ногæй мысыд æмæ сыл кодта ног ныхæстæй дарæс. Цы арæзт æрцыд зæххыл? Хæрз гыццыл адæмæн арæзт. æрцыд галуантæ, бирæтæн та — аргъуантæ æмæ фабрикæтæ. Аргъуанты марынц адæмты зæр- дæтæ, фабрикæты та — буæрттæ, цæмæй галуантæ фидар лæууой, уый тыххæй... Адæмты æрвитынц зæх- хы бынмæ арф, æвзалы æмæ сыгъзæрин амал кæнын- мæ — æмæ æгад фæллойæн фидынц кæрдзыны мамæ- лайы комдзаг, зды æмæ æфсæйнагимæ хæццæйæ. — Ды социалист дæ?—бафарстон æз Иблисы- — Мæн фæнды, рæстдзинад куы уаид, уый! — дзуапп радта уый.—Мæнæн хъыг у, алцæмæй æххæст адæймаджы ницæййаг муртыл куы фæкъуыхтæ кæ- нынц æмæ дзы иннæйы зыд къухтæн хæцæнгарз куы фæаразынц, уый. Мæн нæ фæнды, цагъар куы уаид, уый, цагъардзинад æнæуынон у мæ зæрдæйæи. Ахæм зонд мæм кæй ис, уый тыххæй мæ æрæппæрс- той уæларвæй дæр. Авторитеттæ кæм ис, уым уды цагъардзинадæн дæр æнæ уæвгæ нæй, уым кæддæ- риддæр парахатæй рæздзæй мæнгдзинады хъуына... Уадз æмæ зæхх æппæтæй дæр цæра! Уадз æмæ уыГг бон-изæрмæ иууылдæр цъæх арт уадза, æхсæвмæ ма дзы æрмæст æртхутæг куы баззайа, уæддæр. Æнæ- мæнг хъæуы, цæмæй искуы адæм иууылдæр кæрæ- дзийы бауарзой... Уарзондзинад, диссаджы фыньг хуызæн, адæймаг уыны иу хатт, фæлæ уыцы иу хат- ты ис царды æппæт нысан... Стæгдар лæууыд, сау дурыл йæхи банцой кæнгæ- йæ, æмæ дымгæ сабыргай ниудта йæ фæрсчыты аф- тид кълеткæйы. — Æвæццæгæн ын уазал у, æмæ æфсæрмы дæр кæны! — загътон æз Иблисæн. — Мæнæн æхсызгон у, алы æнæхъуаджы хъуыд- дæгтæй чи суæгъд, уыцы ахуыргондмæ кæсын. Уы- мæн йе стæгдар у йæ идеяйы стæгдар... Æзуынын, уьь цы идея куыд хицæнхуызон уыд, уый... Уый фарсмæ хуыссы, æцæгдзинад чи хæлиу кодта, æндæр ахæмы 88
æртхутæг... Райхъал кæнæм уый дæр. Цæргæ ма куы фæкæнынц, уæд уыдон сеппæт дæр фæуарзынц уд- æнцойдзинад æмæ фæллой кæнынц хъуыдытæн, æн- къарæнтæн, цардæн бæрæг бæрц снысан кæныны тыххæй — зыгъуыммæ кæиынц ног райгуыргæ иде- яты æмæ сын аразынц аив чырынтæ. Фæлæ куы фæ- мæлынц, уæд сæ афтæ фæфæнды, цæмæй сæ ма рох кæной. Компрачикос — уæлæмæ сыст! Мæнæ дæм æз æрбакодтон, йæ. хъуыдытæн чырын кæмæн хъæ- уы, ахæм адæймаджы. Æмæ та ногæй мæ оазмæ зæххы бынæй февзæод афтид æмæ бæгънæг сæры къуыдыр, æнæдæндаг, бур- бурид, фæлæ уæддæр хиуылæрвæссондзинадæй æрт- тывтытæ калдта. Æвæццæгæн, уый зæххы бын рагæй хуыссыд — йе стджытыл фыды мур нæ уыд. Уый слæууыд йæ ингæны сæрыл дуры цур æмæ йæ фæрс- чытæ сау дурыл тæлмытæ-тæлмытæ дардтой, паддза- хæн службæгæнæджы дарæсыл алыхуызы æрттиваг бæрæггæнæнтæ хуыд куы уа, уыйау. — Кæм дары, цымæ, уый йæ идеятæ? — бафар- стон æз. 1 — Йе стджыты, мæ хæлар, йе стджыты! Уыдонæгг сæ хъуыдытæ æндыснæг æмæ стæгнизæй уæлдай не сты — фæрсчыты арф хизынц. — Куыд уæйгонд цæуы мæ чииыг, Хицау?—æмыр хъæлæсæй бафарста стæгдар. — Дæ чиныг нырма лæууы, профессор!—дзуапп радта Иблис. — Уый та куыд, ау, адæм чиныг кæсын нал зо- нынц? — загъта профессор, ахъуыды кæнгæйæ- — Чиныг кæсын зонынц, æдылыдзинад ныр дæр* раздæры хуызæн зæрдиагæй кæсынц... фæлæ æнкъард æдылыдзинад — хаттгай бирæ рæстæг æнхъæлмæ кæ- сы уыдоны цæстæнгасмæ... — Иблис йе ’ргом мæнмæ раздæхта æмæ загъта: — Профессор йæ цæргæ-цæ- рæнбонты рабар-бабар кодта сылгоймæгты сæртьг къуыдыртæ, сылгоймаг адæймаг нæу, зæгъгæ, цæмæй равдыстаид, уый тыххæй. Уый рабар-бабар фæкодта сæдæгай сæры къуыдыртæ, нымадта дæндæгтæ, бар- ста хъустæ, барста мард сæры мæгъзтæ. Мард сæры магъзыл кусын уыд профессоры уарзондæр куыст. 89
I >Ууыл дзурæг сты уымæн йæ æппæт чингуытæ дæ^ Ды сæ кастæ? ^ — Наукæтæ ахуыргæнæн галуантæм æз арахъ уæй^ гæнæн дуканитæй не ’рбацæуын,— дзуапп радтоа. .æз. — Æмæ адæймаджы чингуытæм гæсгæ ахуыр кæ- нын зонгæ дæр нæ кæнын, — адæм чингуыты мидæг æдзух дæр дробты хуызы æвдыст сты, æз та арифме- тикæ æвзæр зонын. Фæлæ мæнмæ гæсгæ къабайы ми- дæг æнæрихи адæймаг æппындæр ницæмæй хуыздæр æмæ ницæмæй фыддæр у, хæлафы мидæг æд боцъо, æд рихи адæймагæй... — Ай-гъай,—загъта Иблис, — æнæуагдзинад æмæ зедылыдзинад адæймаджы сæры магъзы ныхсынц, ца- вæр дарæс ыл уа æмæ йæ сæрыл цал æрдуйы уа, уы- мæ нæ кæсгæйæ. Фæлæ уæддæр сылгоймаджы тых- хæи фарста диссаджы хуызы æвæрд у. — Афтæ зæгъ- гæйæ, Иблис бахудт, алы хатт дæр иу куыд худт, ■афтæ. Уый æдзухдæр худгæ кæны, гъе, уьшæ гæсгæ æхсызгон у йемæ ныхас кæнын. Уаэлмæрдты худын чи зоны æмæ йæ бон кæмæн у, уый — бауырнæд уæ! — уарзы цард дæр æмæ адæмы дæр... — Сылгоймаг æрмæстдæр усæн æмæ цагъай- рагæн кæй хъæуы, .уыдон дзурынц, зæгъгæ, дам, уый адæймаг нæу! — дзыр^та дарддæр уый. — Иннæтæ та дзы куыд сылгоймаг, афтæ пайда кæныпыл фæстæ- мæ нæ хæцынц, афтæмæй сæ фæнды, йæ хъару йын эксплоатаци кæнын æмæ дзурыиц, зæгъгæ, дам, сыл- гоймаг бæззы алы ран дæр нæлгоймаджы æмхуызон кусынæн, ома нæлгоймаджы пайдайæн кусынæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæй иутæ дæр æмæ иннæтæ дæр чызгæн тыхми куы бакæнынц, уæд æй нал фæуа- дзынц се ’хсæнмæ, — уыдоны уырны, чызгыл куы баныдзæвынц, уæд уый кæй свæййы чъизи цæргæ-цæ- рæнбонты... Афтæ, гъе. Сылгоймаджы хъуыддаг тынг диссаг у! Æз уарзын, адæм æмбаргæ хуызæй гæды ных;æстæ куы фæкæнынц, уый — уæд уыдон сывæл- лæтты хуызæн вæййынц æмæ мæм афтæ фæкæсы, цы- ма иу цасд]æр рæстæгмæ сырæзыдысты... Иблисы цæсгомыл бæрæг уыд, фпдæны адæмы тыххæй козбау ныхас кæнынмæ кæй нæ хъавы, уый. Ф|æлæ уыдоны тыххæй мæнæн мæ бон нæу ныртæккæ ■90
бирæ цыдæртæ хорзæй зæгъын æмæ уыцы æхсызгон æмæ æнцон куысты цæмæй Иблис мемæ быцæу ма кæна, уый тыххæй йын æз йæ ныхас фæурæдтон: — Афтæ дзурынц, зæгъгæ, хæйрæг йæхæдæг кæ- дæм нæ бахæццæ уыдзæн, уырдæм, дам, арвиты сыл- гоймаджы, — уый æцæг у? Уый йе уæхсчытæ базмæлын кодта æмæ дзуапн радта: — Афтæ дæр вæййы... Дæ цуры æххæст зондджын æмæ цъаммар нæлгоймаг куы нæ уа, уаед... — Мæнмæ цæмæдæр гæсгæ афтæ кæсы, цыма ды æвзæрдзпиад нал уарзыс? — бафарстон æй æз. ,- — Æвзæрдзинад нал ис! —дзуапп радта уый, ныу- улæфгæйæ. — Ис æрмæстдæр цъаммардзинад! Кæд- дæр æвзæрдзинад рæсугъд тых уыд. Ныр та... суанг адæмы куы фæмарынц, уæддæр ахæм хъуыддаг цъам- мар хуызы фæкæнынц, — раздæр сын сбæттынц сæ къухтæ. Æвзæргæнджытæ нал ис — баззад ма лæг- мартæ. Лæгмар кæддæриддæр цагъайраг у. Уый у тасдзинады тых, тæппуддзинады риуыгъдтытæ кæй кусын кæнынц, ахæм къух æмæ фæрæт... Тæрсгæ кэ^- мæй фæкæнынц, маргæ дæр уыдоны кæнынц... Дыууæ стæгдары лæууыдысты фæрсæй-фæрстæм сæ ингæнтыл æмæ сыл сабыргай хаудысты фæззыгон сыфтæртæ. Дымгæ æнкъардæй хъазыд сæ афтид фæрсчыты тæнтыл æмæ ниудта сæ тутт сæры къуы- дырты. Уымæл, хъуынайы- тæфгæнаг талынгдзинад зынди сæ цæстыты къусчытæй. Дыууæ стæгдары дæр ризæгау кодтой. Тæригъæд сын кодтон æз. — Уадз æмæ сæ бынæттæм ацæуой! — загътон æз Иблисæн. — Ды суанг уæлмæрдты дæр гуманист куы дæ! — фæхъæр кодта уый. — Афтæ. Гуманизм мæрдты æх- сæн тынгдæр фидауы, — уым уый никæй зæрдæхудты цæуы. Фабрикæты, горæтты фæзты æмæ уынгты, ахæстæтты æмæ шахтæты удæгас адæмты ’хсæн гу- манизм æдылыдзинады хуызæн у æмæ суанг хæрам- дзинад дæр сæвзæрыц кæндзæн. Ам гуманизмыл чи худа, уый нæй — мæрдтæ кæддæриддæр æнцад сты. Æмæ мæи уырны гума низмы тыхдæй ныхасмæ хъу/сын уыдонæн æхсызгон кæй у, уый — куыд ыл хъуамæ 91
худой, кæд æмæ сæм уый, куы амардысты, уый фæс* тæ равзæрд, уæд- Фæлæ уæддæр уыцы рæсугъд аууон цардæн мæцъисæн æрæвæрынмæ чи хъавыд, уыдон дæр æрратæ нæ уыдысты. Афтæ бакæнынмæ та хъа- выдысты уымæн, цæмæй уый аууон бамбæхстаиккой адæмты хъизæмардзинад, тыхджынты дурзæрдæдзи- над... æппæты æдылыдзинады фæрцы... Æмæ Иблис кæлкæл кодта уыцы фыд æцæгдзина* ды карз худтæй. Талыиг арвыл æрттывтой стъалытæ, ивгъуыд рæс*» тæджы ингæнты сæрыл æнæзмæлгæйæ лæууыдысты сау дуртæ. Фæлæ уыцы рæстæджы æнуд тæф зæххæй- æттæмæ хъардта æмæ дымгæ мæрдты комы тæф хаста, æхсæвы тары чи аныгъуылд, уыцы горæты фынæй уынгтæм. — Ам чысыл гуманисттæ нæ хуыссы, — дзырдта дарддæр Иблис, йæ -алыфарс ингæнтæм ацамонгæ- йæ. — Уыдонæй иуæй-иутæ уыдысты æргомзæрдæ адæм... царды бирæ диссæгтæ ис æмæ, чи зоны, уы- мæй диссагдæр хъуыддæгтæ дæр ма разындзæн... Уы- доны фарсмæ та хæларæй æмæ сабырæй хуыссынц царды æндæр хуызы зондамонджытæ, — мингай мæрдтæ, бирæ фæцархайгæйæ, тыхамæлттæй цы мæн- гарддзинады зæронд агъуыст самадтой, уымæн фидар бындур сæвæрынвæнд чи кодта, уыдон... Дард кæцæйдæр æрбайхъуыст зарæг... Дыууæ-æр- тæ хъæлдзæг хъæры, уылæнгæнгæ, айхъуыстысты уæл- мæрдты сæрмæ. Æвæццæгæн цавæрдæр дзæгъæлдзу- гæнæг æхсæвы сау тары æнæмæтæй цыд йæ инг гæнмæ. — Мæнæ ацы уæззау дуры бын æмбийы зондджыкы мард, уый амыдта, зæгъгæ, дам, æхсæнад у раст... маймулийы кæнæ хуыйы хуызæн, — ыæ хъуыды кæ- нын бæлвырд. Уый хорз у, йæхи дзыллæйы зондыл нымайынмæ чи хъавы, ахæм адæмтæн! Хæрз стæмтæй фæ(стæмæ полкт^ктæ æмæ| хуыснæджыты къордты ра- замояджытæ иууылдæр ахæм теорийы фарс лæууынц. Кæд æз зонд дæн, уæдкъухтæй архайын, куыд мæ фæн- ды, афтæ, кæддæриддæр мæ бон бауыдзæн мæ хица-: уиуæгдзинады хæцъæфы æрдзон ныхлæуддзинад бау; ромын—афтæ! Ам та хуыссы, адæм сæ цыппæртыл; 92
куы цыдысты æмæ уаллæттæ куы хордтой, ногæп та сæм ахæм цард саразынмæ чи сидт, ахæм адæйма- джы мард. Уыдон царды тæккæ амондджындæр бонтæ уыдысты, — афтæ уырнын кодта адæмы уый. Дыууæ къахыл цу, дæ уæлæ хорз дарæс уæд æмæ адæмæн афтæ амон: ногæй та хъуынджын кæнын райдайут,— уый диссаджы æнахуыр хъуыддаг нæу? Æмдзæвгæтæ кæс, музыкæмæ хъус, музейтæм цу, сæдæгай версты- ты æтте цытæ цæуы, уый æрвылбон зон, афтæмæй æппæтæн амон, хъæддаг цард хорз у, цыппæртыл цæуын хорз у, зæгъгæ, — уымæй æвирхъаудæр дис- саг нсты уыдзæн! Мæнæ ам чи хуыссы, уый та адæ- мæн зæрдæтæ æвæрдта, сæ цард сын хорзыл нымадта уымæй, æмæ, дам, фыдгæнджытæ адæм не сты, сæ куыст, дам, уыдонæн у низау, сæхи бауромын сæ бои пæу, куы сæ фæнда, уæддæр, æмæ, дам» сты хицæн, антисоциалон уагыл арæзт. Уыдон сты закъонты æмæ моралы знæгтæ, уæдæ уыдонимæ ракæ-бакæ кæ- нын дæр ницæмæн хъæуы. Фыдраконддзинæдты ни- зæй адæймаджы дзæбæх кæны æрмæст мæлæт. Уый— зондджын ныхас у! Æпйæт иннæты фыдраконддзинæд- тае дæр иу адæймагыл сæвæрын, рагагъоммæ йæ æр- дзон" аипп схонын, æппæт хъæндзинæдтæ’ кæм æфснайд цæуынц, ахæм буар схонын, стæй йæ хæрам зондахаст хæссæгыл банымайын—цыма уый æдылы- дзинад у? Адæймаджы уды зыгъуыммæ чи кæны, уы- цы фыдарæзт царды сæрыл кæддæриддæр разыны дзурæг. Зондджынтæ æхснырсгæ дæр æнæхъуаджы нæ кæнынц. О, уæлмæрдтæ хъæздыг сты горæтты цард хуыздæр сæвæрыны тыххæй идеятæй... Иблис йæ алыфарс ракæс-бакæс кодта. Урс ар- гъуан уæйыджы-стæгдары æнгуылдзы Хуызæн, мæрдты сау быдырæй сабыргай зынын райдыдта тар арвы бын, стъалыты æнцад быдыры. Зонды гуырæны сæр- мæ лæууыд, хъуына хæрв чи сæвæрдта, ахæм дурты цæнд, йæ астæу та уыд, адæмты ^ъасты æмæ дзына- зыны хъылмайы тæф чи хæлиу кодта, уыцы хæтæл. Дымгæ кодта æмбыды тæф æмæ бæлæсты къалиуты æнцадгай змæлын кодта, хус сыфтæртæ згъалгæйæ. Сыфтæртæ дæр сабыргай хаудысты цард ’ сфæлдис- джыты цæрæнбынæттыл.... ^93
— Ныр мах мæрдтæн сараздзыстæм иу чысыл па- рад, карз тæрхоны фæлварæн!—дзырдта Иблис, къуыбырты æмæ дурты астæуты мæ разæй къæдз- мæдз фæндæгтыл цæугæйæ. — Ды зоныс, карз тæрхон уыдзæн! Тæрхон уыдзæн зæххыл, æмæ уыцы бон уы- дзæн зæххы тæккæ хуыздæр бон! Уыцы бон ралæу- дзæн, адæймаджы фыды мургай æмæ стæггай чи ба- кодта» уыцы зондамонджытæ æмæ царды закъонæвæр- джытæ хуымæтæг адæмы ныхмæ цы фыдракояд- дзинæдтæ фæкодтой, уыдон адæм куы бамбарой, уæд- Ныртæккæ адæмы ном кæуылдæриддæр ис, уыдон—- хæйттæ сты, æххæст адæймаг нырма арæзт нæма æрцыд. Уый равзæрдзæн, цы фæлтæрддзинад бавзæр- ста, уый æртхутæгæй æмæ, денджыз хуры тынты куыд аныхъуыры, афтæ дунейы фæлтæрддзинад аны- хъуыргæйæ, зæххы сæрмæ ссудздзæн хуры хуызæн. Æз уый фендзынæн! Уымæн æмæ æз аразын адæйма- джы æмæ йæ æз сараздзынæн! Зæронд иу чысыл йæхицæй æппæлыд æмæ йæ ны- хас куыддæр лирикон рауад, хæйрæгмæ æппындæр чи нæй, ахæм миниуæг. Æз ын уыцы хъуыддаг бахатыр кодтон. Цы бакæндзынæ? Цард зыгъуыммæ кæны суанг хæйрæджы дæр, йæ маргæй йьщ йæ фидар æл- вæст зæрдæ ахоргæйæ. Уыимæ æппæтæн дæр сæ сæр- тæ тымбыл сты, сæ хъуыдытæ та—дыркъуымтæ ’æмæ алчидæр, кæсæнмæ кæсгæйæ, йæхимæ фæкæсы рæ- сугъд, Ингæнты астæу æрлæугæйæ, Иблис æлдары хъæ- лæсæй фæхъæр кодта: — Ам зондджын æмæ æууæнкджын адæймаг чи у? Исдугмæ сыбыртт никæцæй райхъуыст, уалынмæ дын æваст мæ къæхты бын зæхх базмæлыд æмæ цы- ма уæлмæрдты обæутты чъизи хъæпæн мит æрæм- бæрзта, афтæ адардтой. Цыма дзы мидæгæй, æрвæрт* тывдау, мингай цæхæртæ сабухын кодтой, кæнæ та дзы æвирхъау стыр кæфхъуындар адæргæй базмæ- лыд. Бæстæ» иууылдæр цыдæрхуызон чъизи хуыз афæл* дæхти, алы ран дæр дзы, цыма дымгæйæ хус хæмпæл- гæрдæджы зæнгтæ базмæлыдысты, уыйау стæгдартæ нынкъуысыдысты æмæ бæстæ сыбар-сыбур скодтой се (стджытæ кæрæдзиуыл хафынæй, сæ хус уæнгтæ 94
кæрæдзиуыл æмæ ингæнты къæйтыл хафынæй- Кæрæ- дзийы схойгæйæ, стæгдартæ хылдысты æттæмæ ин- гæнты къæйтæм, алы ран фæзын-фæзын кодтой сæры къуыдыртæ, къаппа-къуппаты хуызæн, фæрсчытæ æн- гом æвæрдæй кълеткæйы хуызæн лæууыдысты мæ алыфарс, фыдконд сины кæхцы стджыты уæзæй зæнг- ты зырзыр цыд, æмæ нæ алыфарс æппæтдæр йæхи -мидæг хъизæмар змæлд кодта æнæ уынæрæй... Иблисы уазал худты быны фæци уыцы æнæбæрæг уынæр. — Кæс-ма, кæс, иууылдæр рахылдысты, иууыл- дæр, — загъта уый. — Суанг ма горæты æдылытæ дæр сты се ’хсæн. Зæхх сызмæст æмæ йæ хуылфæи ракалдта адæмы мард зонынджындзинад... Уымæл уынæр тыхджындæрæй-тыхджындæр кодтау афтæ зынд, цыма кæртмæрзæг кæрты къуыммæ ды уымæл бырæттæ бамарзта, уыдоны цавæрдæр зыд къух ракъах-бакъах кæны. — Гъе, афтæ бирæ уыд царды æууæнкджын æма& зонынджын адæмтæ! — зæгъгæ, фæхъæр кодта Иб- лис» алырдыгæй йæ цы мингай сæстæгтæ æлхъывточг уыдоны сæрты йæ базыртæ парахатæй аивазгæйæ. — Сымахæй адæмæн фылдæр хорздзинад чи ба- кодта? — хъæрæй бафарста уый. Нæ алыфарс æппæтдæр сцъысцъыс кодта, æхсьь ры сæртимæ къозотæ стыр тебæйы куы фыцай, уыйау. — Бар мын раттут размæ рацæуынæн! — рахъæр кодта чидæр æрхæндæг хъæлæсæй. — Хицау, уый æз дæн, æз дæн ам. Уый æз бапа- мыдтон, дзыллæимæ абаргæйæ иунæг адæймаг кæй ницы у, уый. — Æз уымæй дарддæр ацыдтæн! — хъæр кодтой кæцæйдæр дарддæрæй. — Æа амыдтон, зæгъгæ, æп- пæт æхсæнад дæр ницы у æмæ уымæ гæсгæ хъуамæ дзыллæтæ кæсой къордты фæндоны коммæ. — Къордты сæргъы та лæууы иу адæймаг æма& уый æз дæн! — сæрыстырæй рахъæр кодта чидæр. — Ды — цæмæн? — райхъуыст цалдæр тарст хъæ~ лæсы. — Мæнæн мæ фыды ’фсымæр къарол уыд! 9*
— А, а, дæ бæрзонддзинад, уый цæрынхъуагæй дæ фыды ’фсымæрæн акъуырдтой йæ сæр? — Къаролтæ кæддæриддæр сæ сæртæ афоныл са- фынц!—дзуапп радтой сæрыстырæй, кæддæр паддза- хы бынаты чи бадт, уыцы стджыты цоты стджытæ- — Гъе, уый хъуыддаг у, гъе! — райхъуыст кæй^ дæр разыйы сусу-бусу. — Мах æхсæн ис къарол! Ахæм хъуыддагыл алы уæлмæрдты нæ сæмбæлдзынæ... Зæрдиаг сусу-бусу æмæ стджыты хъыррыст-хъыр- рыст иу сысты æмæ куыдфæстæмæ тыхджынæй-тых- джындæр кодта уыцы уынæр- — Бакæсут-ма — цымæ æцæг у, къаролты стджы- тæ æрвхуыз сты, зæгъгæ, кæй дзурынц, уый? — тагъд-тагъд бафарста, йæ астæустæг зылын кæмæн уыд, ахæм чысыл стæгдар. — Мæнæн ма дзырды бар раттут... — зæгъгæ, æу- уæнкджын ныхас кæнын райдыдта, цыртыл бæхбадт чи акодта, ахæм цавæрдæр стæгдар- — Тæппæлттæ дзæбæхгæнæн тæккæ хуыздæр хос — мæ конд у! — йæ фæстейæ рахъæр кодта чидæр. ’ — Æз.дæн уыцы архитектор... . Фæлæ бæзæрхыг арæзт стæгдар йæ къухты цыбыр стджытæй сеппæты дæр фæйнæрдæм схойгæйæ æмæ мард, хъæлæсты сыбар-сыбур фæбынæй кæнгæйæ, хъæр кодта: — Ме ’мчырыстон æфсымæртæ! Уæдæ æз нæ дæн уæ уДты дохтыр, æз уын нæ дзæбæх кодтон уе ’фхæрд зæрдæты тæппæлттæ фæлмæн, зæрдæвæрæн ныхасæй? — Хъизæмардзинадæй ницы ис!—загъта чидæр мæстыйæ.—Æппæтдæр адæймагмæ æрмæстдæр кæс- гæ афтæ кæны. — Ныллæг дуæрттæ чи æрхъуыды кодта, уыцы архитектор... — Æз та æрхъуыды кодтон бындзытæ цæгъдæн- гæхæтт!.. —...Цæмæй-иу адæм хæдзармæ цæугæйæ, хицауьГ раз æнæбары сæ сæртæ фæгуыбыр кодтаиккой..; —# хъуысти дарддæр кæйдæр къæйных хъæлæс. — Уæдæ, цымæ, æфсымæртæ, раззаг бынат ма№: мæ нæ хауы? Æз уын куы дзæбæх кодтон уæ зæрдæ- «6
тæ, æнкъарддзинад кæй æхсыдта, уыцы зæрдæтæ; зæххыл цыдæриддæр.ис, уыдон мæнг кæй сты, æцæг- дзинадæй дзы кæй ницы ис, уый бамбарын кæныны тыххæй мæ хъуыдыты æхсырæй æмæ мыдæй! — Цыдæриддæр ис, уыдон фидаргонд сты æнус- тæм! — райхъуыст кæйдæр хæрхæраг æмыр хъæлæс. Ф&ныкхуыз дурыл иу къахимæ цы стæгдар бадт, уый йæ зæнг систа уæлæмæ, радаргъ æй кодта æмæ цæмæдæр гæсгæ фæхъæр кодта афтæ: — Кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ у! Уæлмæрдтæ систы^ алчидæр йæ товарæй кæм æппæлыд, ахæм армукъа. Æхсæвы сабырдзинады тар быдырмæ калдис æрхæндæг хъæрты лакъон зæй, чъизи æппæлойдзинады, æнуд хиуарзондзинады уы- лæн. Афтæ зынд, цыма æнæкæрон бирæ къогъотæ æмбыд цъымарайы сæрмæ дзолгъо-молгъо кодтой заргæ æмæ дывдыв кодтой, уæлдæф сæ хъылмайæ æмæ ингæнты æппæт алыхуызон маргæй дзаг кæн- гæйæ. Иууылдæр дзолгъо-молгъо кодтой Иблисы алы- фарс, йæ цæсгоммæ йын сæ цæстыты тар къуырфытæ æмæ æндæгъд дæндæгтæ саразгæйæ — раст цыма уый зæронд хæррæгътæ æлхæнæг уыд. Иу иннæйы фæс- тæ хъал кодтой мард хъуыдытæ æмæ уæлдæфы зилдух кодтой, фæззыгон тæригъæдтаг хус сыфтæрты хуызæн. Иблис уыцы абухгæ дзолгьо-молгъомæ касти йæ цъæх цæстытæй æмæ йæ цæстæнгас стджыты цæн- дыл калдта æрттивпæ уазал рухс. Иæ къæхты цур цы стæгдар бадт, уый йæ къу- хы стджытæ систа йæ сæры къуыдырæй бæрзонддæр æмæ сæ уæлдæфы фæлмæн тылд кодта, афтæмæн дзырдта: — Алы сылгоймаг дæр хъуамæ уа æрмæст иунæг нæлгоймаджы æвджид... Фæлæ йæ сусу-бусуйы фæмидæг æндæр хъæлæс æмæ йæ ныхæстæ æнахуыр æмхæццæ кодтой иннæ иыхæстимæ. — Æрмæстдæр мард зоны æцæгдзинад!.. Æмæ уæззаугомау хъуыстысты æндæр ныхæстæ: — Æз дзырдтон, зæгъгæ, фыд хæлуарæгæй уæл- дай нæу... 7 М. Горький. 97
— Зæххыл мах цард у дзæгъæлтæ кæнын, æм- тъерыдзинад æмæ саудалынгдзинад! — Æз æртæ хатты ракуырдтон устытæ, æртæ хат- ты дæр -закъонæй... — Иæ цæргæ-цæрæнбонты уый æвæллайгæйæ уа- фы бинонты амонды тынтæ... — Æмæ алы хатт дæр иу сылгоймагыл... Уалынмæ кæцæйдæр фæзынд иу стæгдар æмæ йæ бур тæлусонд стджыты хъыррыст-хъыррыст хъустæ къуырма кодта. Уый йæ æрдæгхæлд цæсгом сдардта Иблисы цæстытæм æмæ загъта: — Æз амардтæн сифилисæй, о! Фæлæ уæддæр уарзтон мораль! Мæ ус хæтын куы райдыдта, уæд ын æз йæ цъаммар ми мæхæдæг радтон закъоны æмæ æхсæнады тæрхонмæ... Фæлæ йæ иуфарс асхуыстой, стщжытæ йæ сæу- уæрстой æмæ цыма дымгæ хæтæлы чысылгай ниудта, афтæ та ногæй райхъуыстысты æмхæццæ ныхæстæ: — Æз æрхъуыды кодтон электрон бандон! Уый адæмы мары æнæ хъизæмарæй. — Æз адæмæн зæрдæ æвæрдтон, зæгъгæ, мæрдты сымах баддзыстут æпусон дзæнæты... — Фыд сывæллæттæн дæтты цард æмæ хæринаг... адæймаг-ахæм свæййьь, сывæллæттæ йын куы равзæ- ры, уæд! Уый агъоммæ та вæййы æрмæстдæр биной- наг... Айчы хуызæн сæры къуыдыр, йæ цæсгомыл дзи- дзайы муртæ, афтæмæй иннæты ’рссæнæй рахъæр кодта: — Æз сбæлвырд кодтон, зæгъгæ, аивад хъуамæ арæзт уа æхсæнады фæндонтæ æмæ цæстæнгастæ, ми- ниуджытæ куыд домынц, афтæ... Иннæ стæгдар бæхбадт кодта саст бæласы хуызæи цыртыл æмæ уый ныхмæ дзырдта: — Сæрибардзинадæн уæвæн ис æрмæстдæр анар- хийы хуызы! — Аивад — уый у, цæрын æмæ кусьшæй чи ба* фæллад, ахæм адæймаджы зæрдæхъæлдзæггæнæг хос... — Уый æз амыдтон афтæ, зæгъгæ, цард у фæл- лой! — хъуысыд кæндæр ныхас дардæй. 93
— Чиныг хъуамæ уа рæсугъд, аптекæты пилюлæ- тæ цы къоппыты дæттынц, уыдоны хуызæн... ’. ^— Адæм иууылдæр хъуамæ кусгæ кæной, иуæй- чутæ хъуамæ куыстмæ сæ цæст дарой... кушсты хорз- дзинæдтæй та пайда кæиы. йæ миниуджытæм æмæ скуыхтдзинæдтæм гæсгæ чидæриддæр нысангонд уа, уый... — Аивад хъуамæ рæсугъд æмæ ’ адæймагуарзон уа... Æз куы бафæллайын, уæд мып уый кæны фæл- ладуадзæн зарджытæ..-. — Æз та уарзын, рæсугъддзинады хуыцауæй дард- дæр æндæр хуыцауæн чи нæ службæ кæны, ахæм сæрибар аивад — дзурын райдыдта Иблис, — уæл- дай тынгдæр та йæ фæуарзын, æнæмæлгæ рæсугъд- дзинадыл хъудыгæнæг æмæ уьшы рæсугьддзинадæй бафсæдыны тыххæй зыддзинадæй йæ зæрдæ дзаг кæ- мæн вæййы, ахæм æнæхæлд лæппуйы хуызæн, цар- ды буары, хъулон дарæстæ куы ратоны æмæ йæ хæр- рæгъ æппæт буар дæр æнцъылдтæ æмæ хъæдгæмттæ кæмæн у, ахæм зæрондхæлд сылгоймаджы хуызæи йæ разы куы æрлæууы, уæд. Æдылы маст, рæсугъддзи- нады хъынцъым æмæ царды иу ран лæууæг цъыма- рамæ æнæуынондзинад дарын — гъе, уыдоны уарзын æз аивады... Хорз поэты лымæнтæ сты сылгоймаг æмæ хæйрæг... Дзæнгæрæгдзæгъдæнæй райхъуыст æрхуйы хъæрз- гæ зæлланг æмæ аленк кодта мæрдты горæты сæр- мæ кæмдæр талынджы узгæ дзедзыкка кæнгæйæ, раст æрттнвгæ базырджын стыр цъиуы хуызæн... Æвæццæгæн хуыссæгхъæлдзæг хъахъæнæг йæ æна- рæхст æмæ лæмæгъ къухæй уæнгмард хæст æрба- кодта дзæнгæрæджы бæндæныл. 'Æрхуыйы зæлланг сæфти уæлдæфы. Фæлæ-иу дхалынмæ йæ фæстаг змæлл ныссабыр, уæдмæ та-иу райхъуыстысты дзæнгæрæ- джы цъæхснаг ног зæлтæ. Сабыргай змæлыд æнуд уæлдæф, æмæ зырзыргæнгæ æрхуыйы æнкъард зæл- ланджы ’хсæнты хъардта стджыты хъыррыст-хъыр- рыст, хус ныхæсты ’сыбарсыбур. Æмæ та ногæй хъуыстоп æдылыдзинады æнкъард ныхæстæ, цъаммардзинады ныхæстæ, мæнгарддзи- нады æнæуаг ныхас, хиуыл æрвæссондзинады мæс- 7* оп
ты хъуырхъуыр. Горæты адæм цы хъуыдытæй цæ- рынц, уыдон иууылдæр сног сты, фæлæ сæрыстыр кæмæй хъуамæ уаиккой,. уыцы хъуыдытæй дзы иу дæр нæ уыд. Цард кæмæй баст у, уыцы згæ рæ^ыстæ иууылдæр зæлланг кодтой, фæлæ адæймаджы зæрдæйы талынгдзинад сæрыстырæй чи рухс кæны, уыцы ферт- тывдтытæй иу дæр цæхæр иæ- калдта. — Кæм сты, уæдæ геройтæ? — бафарстон æз Иблисы. — Уыдон хæдæфсарм сты, æмæ сæ ингæнтæ дæр ферох сты. Цæргæ ма куы кодтой, уæд сæ хурх код- той, æмæ сæ уæлмæрдты дæр мард стджытæ ныцъ- цъист кодтой! — дзуапп радта уый, æнуд тæф асуры- ны тыххæй йæ базыртæ тилгæйæ; уыцы тæф нæ а’лы- фарс æрбадт сау мигъы хуызæн. Æмæ дзы хъуысти мæрдты æнæуд алыхуызон хъæлæстæ. Къахыдарæсгæнæг дзырдта, зæгъгæ, йæ цехы цы адæм ис, уыдоиæй сеппæты разæй дæр хъ’уамæ уы- мæн арфæ кæной фидæны фæлтæр, уымæн æмæ уый æрхъуыды кодта нарæгфындз цырыхъытæ. Йæ чи- ныджы алы хуызы мин хæлуарæджы чи равдыста, уы- цы ахуыргонд йæхи хуыдта æппæтæй стырдæр ахуыр- гонд. Кæнгæ æхсыр чи æрхъуыды кодта, уый хъуыр- хъуыр кодта, тагъдæхсæг сармадзан æрхъуыдыгæ- иæджы ницæуыл нымайгæйæ. Сармадзян æрхъуыды- гæнæг та йæ тых йæ б’онæй йæ алфæмблай адæмæн амыдта, йæ æрхъуыдыдзинад дунейæн цы пайда у, уый. Мингай лыстæг æмæ уымæл бæндæнтæ æлвæс- той сæры магъз æмæ дзы пыхстысты кæлмыты хуы- зæн. Æмæ мæрдтæ цæуыл фæнды куы дзырдтаиккой, уæддæр дзырдтой куыд карз моралисттæ, йæ хъуыд- даг тынг чи уарзьт, царды ахæстоны ахæм хицæут- ты хуызæн. — Æгъгъæд у! — загъта Иблис. — Æз нал фæра- зын уыдæттæй... Æз алцæмæй дæр бафæлмæцыдтæн мæрдты дæр æмæ горæтты дæр — удæгас адæймæгты уæлмæрдтьк. Сымах царды æцæгдзинад хъахъæнджы- тæ стут! Иууылдæр — ингæнтæм!.. Иблис ныхъæр кодта, фыд æлдары нæргæ хъæ- лæсæй »Уый хъæр куы айхъуыст, уæд мæрдты фæныкхуыз 100
æртхутæг æмæ бур цæнд базмæлыд, сдзолгъо-молгъо кодта æмæ, уад рыджы куьтд сиса, афтæ зилдух кæ- нын райдыдта. Зæхх байгом кодта мингай талынг уæрмытæ æмæ, æфсæст хуыйы хуызæн, чъæлф- чъæлфгæнгæ, ногæй аныхъуырдта, кæй раппæрста, йæ уыцы хойраг, цæмæй дарддæр йæ хуылфы бата- даид, уый тыххæй-.. Æппæтдæр æваст цыдæр æрба- цис, дуртæ фенкъуысыдысты æмæ ногæй æнгом æрæнцадысты сæ бынæтты. Сæ фæстæ ма баззад æр- мæстдæр æнуд тæф æмæ уæззау æмæ уымæл къухæй æлвæста хурх. Иблис æрбадт ингæнтæй иуыл æмæ’, йæ рæмбыны- къæдзтæ йæ уæрджытæм саразгæйæ, йæ сæрыл ных- хæцыд йæ сау къухты даргъ æнгуылдзтæй. Йæ цæс- тытæ ныццавта кæдæмдæр талынгмæ, дурты æмæ ин- гæнты цæнды астæу... Йæ сæрмæ ’рттывтой етъалы- тæ, ирдгæнгæ арвыл сабыргай ленк кодтой дзæнгæ- рæджы æрхуы зæлтæ æмæ хъал кодтой æхсæвьт. — Ды федтай? — загъта мын уый. — Æппæт уы- цы æдылыдзинады хъуынайы бырынцъаг» маргг джын, пыхæсгæ мæрыл зын бамбарæн чи нæу, уыцы мæнгдзинады æмæ ныхæсгæ цъаммардзииады зæх- хыл арæзт у закъонты къуындæг æмæ талынг агъуысг, фысты хуызæн’сымах уеппæты дæр мæрдтæ кæ- дæм батардтой, ахæм кълеткæ. - Хъуыды кæ- нынмæ зивæгдзинад æмæ тæппуддзинад фидар тæльт- тæй æлвасынц сымах ахæстоны. Сымахæн уæ цардьт æцæг хицæуттæ кæддæриддæр сты мæрдтæ, æмæ кæд дæуæн разамыпд удæгас адæм дæттьшц, уæддæр уьт- доны разæнгард кæнынц мæрдтæ. Цардьт зонынджын- дзинады гуырæнтæ сты ингæнтæ. Æз афтæ зæгъын: сымахæн уæ раст хъуыдытæ стьт, ’мæрдты сойæ чи сырæзыд, ахæм дидинæг. Зæххьт мттдæг тагъд æмби- гæйæ, марды фæнды удæгас адæймаджы зæрдæйы æнусмæ цæрыи. Мард хъуыдыты льтстæг æмæ хус æртхутæг уæгъдибарæй хауы удæгас адæймæгтьт магъзмæ, гъе, уымæ гæсгæ сымахæн зонд чи ’амоны, уьтдон кæддæриддæр сты, уд куыд фесафын хъæуьт, уый амонджытæ! Иблис йæ сæрыл схæцыд уæлæмæ, æмæ йæ кæр- 101
дæгхуыз цæстытæ мæ цæсгомыл æрынцадысты дыууæ уазал стъалыйы хуызæн. — Уыцы зондамонджытæ æппæтæй тынгдæр зæх- хыл цы амонынц, цы йьтл ныффидар1 кæнынмæ хъа- вынц æнæфæцудгæ? Цард къуыхтæкæнындзинад. Адæмы уавæртæ алыхуызон кæй стьт, уьтй закъонмæ гæсгæ раст у, зæгъгæ, афтæ амоны, стæй сæ удтæ та иу хуызон куыд уой, афтæ амоны. Æппæт удтæ дæр хъуамæ иу джиппы уагъд уой, цæмæй адæм агуырпдурты хуызæн æнцондæр æвæрæн уой, царды къорд хицауы куыддæриддæр фæнды, афтæ. Цагъар- гонд адæмты мæстджын æнкъарыидзинад, цагъаргæн- джыты зонды карз æмæ мæнгард фæндонимæ фида- уын кæньтньтл — уыцьт дыдзæсгомдзинады амо- нындзинад равзæрд ныхмæ лæууыньт фæдьтл сфæл- дыстадоп’тых ныххурх кæнынмæ цъаммар фæндоиæй, уыцы æнамонддзинад у æрмæстдæр цъаммар хуызьт тырнындзинад мæнгарддзинады дуртæй удьт сæрибар- дзииадæн зæппадз саразынмæ... Рухс кæнын райдыдта. Æмæ хурмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, "чгт ныффæлурс, уыцьт арвыл стъалытæ са- быргай ныгуылдысты. Иблисы цæстытæ тынгæй- тынгдæр æрттывтой. — Адæмæн цы амонын хъæуьт, сæ цард рæсугъд æмæ æххæст цæмæй уа, уьтй тьтххæй? Æппæт адæмтæн дæр иухуызон уавæр æмæ æппæт удтьт алыхуызондзинад. Уæд цард уыдзæн дидинджы- ты цупальт хуызæн, алчидæр дзы иннæйы сæри- бардзинад куы уарза, уæд уый уьтдзæн, æппæтæн дæр иумæйаг чи уа, ахæм хæлардзинадьт æнкъа- рæнтьг ’æмбырдгонд, алкæмæ дæр дзьт ноджы уæлпæо сырæз’ьтнмæ тырнындзинад уьтдзæн, афтæмæй... Уæл тох кæндзысты хъуыдытæ; фæлæ адæм баззайдзысты æмбæлттæй. Афтæ уæвæн нæй? Уьтй хъуамæ уа,- уы- мæн æмæ ньтрма афтæ нæма уьтд! — Мæнæ бон рухс кæнын райдыдта!—дзырдта дарддæр Иблис хурскæсæнмæ акæсгæйæ. — Фæлæ хур кæмæн æрхæсдзæн циндзинад, кæд адæймаджы зæрдæйæ æттæмæ нæ хизьт саудалы’нг æхсæв? Адæ^ мæн рæстæг нæй, хур цы у, уый бамбарынæн, ’фыл-.; дæр адæммæ ис æрмæстдæр хæринаджьт сагъæс, нутае- 102
кусынц ууыл, цæмæй, цас амал ис, уый бæрц къад- дæр хæринаг раттой, иннæтæ та иугæйттæй дзæгъæл- тæ кæнынц царды мидæг æмæ агурынц сæрибардзи- над, фæлæ йæ ссарыы сæ бон нæу хойрагыл æппынæ- дзух тохгæнгæйæ. Æмæ фæсмоп кæнгæйæ, æнамонд адæм, сæ иунæгдзинадыл мæсты кæнгæйæ, фидауын кæнын райдайынц, бафидауæн цæмæн нæй, уый. Г-^е, афтæмæй хуыздæр адæмтæ ныгъуылынц гуымиры мæнгдзинады хъуынайы, фыццаг æцæгæй пæ фæфип- пайынц, сæхæдæг сæхиуыл гадзырахатæй кæй разыл- дысты, уый, стæй барæй галиумæ зилын райдайыиц сæ рæстдзинадыл, цæмæ бæллынц, уыцы хъуыдытыл. Иблис сыстад æмæ хъаруджынæй айтынг кодта йæ базыртæ. — Цæуон æз дæр, цæмæ бæллын, уыцы фæнда- гыл, диссаджы хорз фадæттæ мын куыд амонынц, афтæ... Æмæ дзæнгæрæджы æнкъард зарæг, — æрхуыйьь зæлтæ, — йемæ хæсгæйæ, атахт хурныгуылæнмæ... * * * Иннæтæй адæймаджы хуызæн тынгдæр чи уыд, иу- ахæм амернкагæн уыц’ы фын куы радзырдтон, уæд фыццаг хъуыдыты аныгъуылд, стæй, йæ мидбылты худгæйæ фæхъæр кодта:; — О, бамбæрстон æй. Иблис уыд мардсудзæн пец- ты фирмæйы агент! Кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ! Уый цыдæриддæр дзырдта, уыдон амоиынц афтæ, æмæ, чи амæла, уыдон æнæмæнг судзын кæй хъæуы, уый... Фæлæ ды зоныс, цæй диссаджы хорз агент у! Цæмæй йæ фирмæйæн куса, уый лыххæй уып адæй- мæгтæм фæзыны суанг фыны дæр... 1906 аз..
ПУБЛ ИЦИСТИ КÆИÆ ДЗУАПП АМЕРИКАГ ЖУРНАЛЫ АНКЕТÆЙÆН Сымах мæн афтæ фæрсут: «Цымæ уæ бæстæйæн Америкæ æнæуынон у, стæй ды куыд хъуыды кæныс Америкæйы цивилизаци- йы тыххæй?» Суанг ахæм фарстатæ æвæрд кæй цæуы æмæ но- джы уыцы хуызы, æрмæст уый дæр дзурæг у ууыл, æмæ уыдон æвæрд кæй æрцыдысты цыдæр æнахуыр •гуымиры хуызы, царды мидæг цас не сты, уыйас стыр хуызы, цæвиттон, Америкæйы алы хъуы/1даг дæр ’ куыд æвдыст æрцæуы, афтæ. Мæн нæ уырны, «æхца скæныны» тыххæй ахæм фарстатæ чи радта, ахæм европæйаг разындзæн, уый. Уымæ гæсгæ уын хъусын кæнын, куыд уæ цавæрфæнды æндæр фарстæн» афтæ уæ ацы фыццаг фарстæн дæр мæ бон дзуапп раттын кæй х нæу мæ бæстæйы 150 милуаи адæйма- джы номæй, уыдон сымах бæстæм цы цæстæй кæ- сынц, уый бафæрсыны фадат мын кæй нæй, уымæ гæсгæ. Мæнмæ гæсгæ, уæ капиталисттæ доллæртæ кæ* тугæй аразынц, суанг уыцы бæстæты — Филиппины сакъадæхты, Хуссар Америкæйы республикæты, Ки- тайы æмæ суанг Цæгат Америкæйы Иугонд Штатты дæсгай милуан хуызджын адæмты ’хсæн дæр иунæг ахæм æмбаргæ адæймаг дæр нæ разындзæн, æмæ сы- махæн йæ адæмы номæй афтæ зæгъыны бар йæхимæ, чи райсид: «О,—мæ бæстæйæн, мæ адæмæн æнæуынон^ 104
у Америкæ, уымæн йæ æппæт адæм, куыд мил- лиардертæ, афтæ кусджытæ дæр, куыд урсцъар адæм, афтæ хуызджын адæм дæр; йæ цæсты сындз сты сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ, быдыртæ, дæттæ, хъæдтæ, сырдтæ æмæ мæргътæ, уæ бæстæйы ивгъуыд цард æмæ ныртæккæйы цард дæр, уымæн йæ наукæ æмæ йæ ахуыргæндтæ, уымæн нæ диссаджы хорз тех- иикæ, Эдиссон æмæ Лютер Бербанк, Эдгар Поэ, Уотт Уитмэн, Вашингтон æмæ Линкольн, Т. Драйзер æмæ Е. О 'Нейль> Шервуд Андерсон, æппæт курдиатджын нывгæнджытæ æмæ диссаджы хорз романтмк Брет-Гарт, уыдон фыд Д. Лондон, йæ цæсты сындз сты Торо, Эмерсон æмæ Цæгат Америкæйы Иугонд Штаттæ æппæтæй даер, стæй уыцы штатты чидæрид* дæр цæры, уыдон». Æз æнхъæлын, сымах уæ зæрдæ кæй пæ дарут, уæ фарстæн уын ахæм æдылы дзуапп, адæммæ æмæ культурæмæ ахæм æнæуынондзинады дзуапп чи рат- та, ахæм сæрхъæн адæймаг искуы разындзæн, ууыл. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мæ зæрдæ мын иу "ысыл дæр йæхпмæ пе здахы, стæй йæм уыцы тых дæр нæй, сымах Цæгат Америкæпы Иугонд Штатты цивилизаци кæй хонут, уый. Мæнмæ гæсгæ сымах ци- вилизаци у нæ дунейы тæккæ æвирхъаудæр цивили- заци, уымæн æмæ уый æвирхъау хуызы сбирæ кодта европæйаг нивилизацийы худинаггæнæг æппæт алы- хуызон гуымиры æвидауц хъуыддæгтæ. Европæ фаг хæлд æрцыд паддзахады худинаггæнæг классон арæзтач!, æнæуагдзинадæй, фæлæ уæддæр нырма Ев- ропæйы уæвæн нæма ис ахæм зианхæссæг æмæ æнæ- пайда хъуыддагæн, куыд миллиардерты, миллионерты фæзынд, сымахмæ куыд у, афтæ, уæ бæстæйы уын мыккаг сафджытæ арæхæй-арæхдæр чи кæиы, ахæм адæмы равзæрлæн Европæйы фадат нæй. Кæй зæ- пьын æй хъæуы, сымах уæ зæрдыл дарут, Бостоны дыууæ хъæздыг лæппуйы æртыккаджы куыд амард- той, уый, — цыма уый цымыдисдзинады тыххæй уы- даид? Æмæ уæм уыцы «æгъдауы» тыххæй, цымыдис- дзинады тыххæй та ахæм фыдраконддзинæдтæ цас æмæ цас ис? Европæйæи дæр йæ бон.у раппæлын, йæ граждантæ æнæбар кæй сты æмæ сæ сæрыл сдзурæг 703
кæй нæй, уымæй, фæлæ уæддæр уый ахæм ^ худина- джы хъуыддагмæ нæма æрцыд, куыд Сакко æмæ Ванцеттийы амард. Францы дæр уыдис «Дрейфусы хъуыддаг», уый дæр стыр худинаджы хъуыддаг уыд, фæлæ Францы æнаххос адæймаджы фарс æрлæууы- дысты Э. Золя, Анатоль Фраис æмæ сæ фæстæ акод- той мингай адæмты. Хæсты фæстæ Германы фæзынд Ку-Клукс-Кланы хуызæн цыдæр, лæгмарты организа- цп, фæлæ сæ уым иугай-дыгай æрцахстой æмæ сьщ стæрхон кодтой, сымахмæ та афтæ нæ кæнынц; КуКлукс-Клан мары æмæ æдзæсгомæй хынджылæг кæ* кы хуызджын адæмæй, сылгонмæгтæй, æмæ æппæт уыдæгты тыххæй ныхкъуырд лæвæрд нæ цæуы, штат- ты губернатортæ кусджыты — социалистты куыд æф- хæрынц æмæ ныхкъуырд куыд нæ исынц, афтæ.. Европæйы нæй, «хуызджын» адæмтæн фыдмитæ кæныны хуызæи æнæуаг хъуыддаг, кæд Европæ æн- дæр худинаджы низæй — антисемптнзмæй сæйы, уæд- дæр; фæлæ уыцы низæй рынчын у Америкæ дæр. Фыдраконддзинæдтæ Европæйы дæр сындæггай фылдæрæй-фылдæр кæныиц, фæлæ уыцы фыдраконд- дзинæдтæ нæма схæццæ сты, уæ газеттæй куыд бæрæг кæны, афтæмæй Чикагойы цытæ цæуы, уыдоны онг. Уым биржæты æмæ банкты æвзæргæнджытæй дарддæр сæрибарæй хицауиуæг кæнынц, сæ къухты ливортæ æмæ бомба&тæ кæмæн ис, ахæм æвзæргæыджытæ дæр. Сьшах æнæхъола æгъдау цы тох равзæрын кодта, ахæм тохæн дæр Европæйы уæвæн нæй. Чикагойы горæты уынаффæдоыы хицау æргрмæй апглисаг клас- сикты чингуытæ куыд судзы, • ахæм хицауæн дæр Ев- ропæйы уæвæн иæй. Мæнмæ гæсгæ Б. Шоуæн бар нæ уыдаид, искæцы а*ндæр бæртæмæ йæ куы хуындæуыдаид, уæд Амери- кæмæ æрбацæуыны тыххæй редактор О- Г. Вилллр- ды хуындæн цы худæджы схуьтст дзуапп радта, ахæм дзуапп раттынæи. Æппæт бæстæты капиталпсттæ дæр æмхуызон æл- гъаг æмæ дурзæрдæ адæмы хатт сты. фæлæ сымах. капиталисттæ ноджы фыддæр сты. Æвæццæгæн уьь= дон бынтон зыд æмæ кæрæф сты æхцайыл. О, дзырд^ «близнесмэн» æз мæхицæн ивьтн дзырд — маннакæй. с 103
Сымах ахъуыды кæнут, æппæт уыдæттæ куыд ^ДЫлы æмæ худинаг сты, ууыл: мах а’фтæ зынæй рæ- ^Угъд æмæ хъæздыг кæнын кæй сахуыр стæм, нæ уы- ЦЫ^диссаджы хорз дуне, — иу ныхасæй хæрз стæм- тæй фæстæмæ нæ æппæт зæхх дæр ис, æхца кæныны йеттæмæ æппындæр чи ницы зоны, ахæм ницæйаг адæмы хатты зыд къухты. Диссаджы хора сфæлдыс- тадон тыхæй ахуыргæндты, техникты, поэтты, кус- джыты, кæиытæ аразынц культурæ, махæн нæ «дык- каг æрдз», уыдоны тугæй æмæ магъзæй, уыцы сæр- хъæн адæмтæ аразынц металлы бур тымбылгæндтæ æмæ чекты гæххæттын уадздзæгтæ. Æхцайæ дарддæр ц’ы’ аразынц капиталисттæ? Пес- симизм, хæлæгдзинад, зыддзинад æмæ æнæуынондзи- над. Уыцы æнæуынондзинад та сæ æнæмæнг фесаф- дзæн, фæлæ уыдоиимæ, чи зоны, æмæ йе срæмыгъдæй •фехала бирæ культурон хæзнатæ дæр. Уæ диссаджы .æнæуаг цивилизаиийæ’ сымахæн тас у, бынсæфты хъуыддæгтæ уын куы сараза, уымæй. Кæй зæгъын æй хъæуьт, мæнмæ афтæ кæсы, æмæ ^ецæг цивилизацп æмæ культурæйы тагъд рæзтæп уæ- вæн ис, политикон хицаудзинад æппæтæй дæр фæл- .лойгæнæг адæмы къухтьт куы уа, æрмæст уæд, искæ- йы фæллойæ чи цæрьт, уыцьт æввонгхортьт къухты нæ, фæлæ. Уымæ гæсгæ æз мæ фæндон зæгъьтн, капита- листтæ социалон æгъдауæй тæссаг адæмы къордьтл нымад цæмæй æрцæуой, уьтй тьтххæй, байсьтн сын хъæуьт сæ мулк паддзахады пайдайæн, уьтцьт адæмтьт аласын хъæуы океаиьт сакъадæхтæй иумæ æмæ уадз æмæ уым æнцад-æнцойæ пыммæлой. Уымæй хуыздæр алыггæнæт1 нæй социалон фарстайæн, адæмьт куы уарзай, уæд, стæй йæ «америкаг- идеализм» дæр раст афтæ альтг кæнид. «Америкаг идеализм» та у, драмæ- тæ æмæ трагедитæ чи нæма бавзæрста, ахæм адæмтьт тæккæ æиæбыидурдæр оптимизм, пумæ райсгæйæ «адæмты истори» чи хуьтйньт, уьтй. (1927—1929 азтæ).
СÆРГÆНДТÆ АМЕРИКÆЙЫ Бур Дæлимоны горæт 3 Æнкъардзинады дуне • . 18 «Моб» -46 МÆ ИНТЕРВЬЮТÆ Республикæйы къаролтæй иу ......... 49 Мюралы ахуыргæнæг 68 Царды хицæуттæ 84 ПУБЛИЦИСТИКÆЙÆ Дзуапп америкаг журналы анкетæйæн . . . .104 Редактор Челæхсаты. Л. Техредакюр Дзгойты А. Корректор Саукуйты М. Мыхуыр кæнынмæ лæвæрд æрцыд П/УШ—1950 азы. "Мыхуы- ронсыфтæ 5,53. Рауагьдады хыгьдоп сыфтæ 5,05. Рауагъ- дады № 262.3аказ № 2577. Тираж 3000. ЕИ04ИО. Цæга1 Ирыстоны АССР-ы Паддзахадои пшографи Дзæуд кыхъæу, Дзапайты Иваны уыиг, 20.