Tags: журнал   мах дуг  

ISBN: 02064162

Year: 1993

Text
                    Щтг
2'93
Сæйраг редактор
ХЪОДЗАТЫ Æхсар
Редколлеги:
АГЪНАТЫ Гæстæн (бæрнон
секретарь)
ÆГЪУЫЗАРТЫ Æхсарбаг ,
ДЖЫККАЙТЫ Шамил
кОКАЙТЫ Тотрадз
ТЕМЫРАТЫ Давид
ХОДЫ Камал
ХУЫГАТЫ Сергей
ЦЫРЫХАТЫ Михал
Учредители:
СП СОССР, СОИГИ
й коллектив
редакции
Корректор Хьæрæцаты Зæирæ
Тех. редактор Кокойты Эльзæ
. Журнал цæуын райдыдта 1934 азы майы
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ФЫСДЖЫТЫ
ЦÆДИСЫ ÆРВЫЛМÆЙОН
ЖУРНАЛ
ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ
ЖУРНАЛ СОЮЗА ПИСАТЕЛЕЙ
СЕВЕРНОЙ ОСЕТИИ
ДЗÆУДЖЫХЪÆУ, 1993


ИОМЫРЫ ИС: Хостыхъоты Зинæ. Фарны мæсыг. Æмдзæвгæтæ . 3 Дзасохты Музафер. Мысыры сыджыт. Повесть .12 Б а л а т ы Альберт. Нæ иудзинад — нæ уарт. Æмдзæвгæ- тæ 63 Ситохаты Саламджери. Зын уарзондзинад. Уацау 68 Р æ м о н т ы Геор. Арвистон. Æмдзæвгæтæ .106 Хъайтыхъты Азæмæт. Цæхджын сайд. Таурæгъ . 103 Леонтий Стедер. Бонычиныг 112 Галимзянов Айрат. Æмдзæуин æмæ æмдзæрин .127 Сдано в набор 3.01 93, Подписано к печати 8.04.93. Формат бумаги 60х9071в. Бум. тяп. № 3. Гарн. шрифта литературная. Печать высокая. Усл. п. л. 8. Усл. кр.-отт. 8,37. Учетно-нзд. листов 9,18. Тираж 5000. экз. Заказ № 30. Цена 2 руб. Адрес редакции: 362040, г. Владикавх^з» нр Мира, 25. Тслефоны: 3-69-66, 3-6!%?; 3-31-58; 3-31-24. Газетно-журнальная типография Госком- издата СОССР по делам издатсльств, но- лиграфии и книжной торговли. 362015, Владикавказ, ир. Коста, )). © Мах дуг № 2, 1993
хостыхъоты Фарны мæсыг БОНРУХС Æхсæв мæ бæллиц бонрухс вæййы ’рмæстдæр, Æвын æхсæвтæ удхæрæнтæ фестынц... Зæгъгæ, нæ хæссы бонрухс царды хæрзтæ, Уæд уасджытæ æдылысæртæ не сты. Нæ тониккой сæуæхсидмæ сæ тъæнгтæ, Æрдз не слæууид сæ фæдисмæ йæ къахыл, О, уасджытæ, сыхаг чындзыты знæгтæ, Фæлæуут, иумæ зарæм боны сцъæхыл. Æнхъæлдтон, н’ ауайдзынæ, никæдуал, мæ тæфыл Æмæ мыл бабур уыдзæн ивгъуыд мысгæ цард, Фæлæ фæзындтæ ’мæ дæ цæстыты æрвдзæфæй Мæ удыл сирвæзти æвзонгдзинады арт. Æмæ та уыцы бонæй — зæдтæхæнæй нырмæ Ног амонд ивгъуыды цин зæрдæмæ хæссы, Цыма та мæйы рухсмæ кæркдоны чъылдыммæ Дæ сусæг писмотæ дæр сусæгæй кæсын. Æнæ уалдзæг мæ ма фæкæ, æнæ хур бон,— Æнæнхъæлы мæ ма фæцух кæ де ’нгасæй, Уæд нал уыдзæн зæххыл, кæмæ ма бахудон, Кæй рæвдауон мæ сойылцæугæ ныхасæй. СУСУ-БУСУ САТАНАИМÆ Ды-иу, Сатана, ’ппæт дæр Куыд дæм-иу хъуыстой нартæ? Куыд базыдтай æваст... Дæ уынаффæ сын — зонд... Дæ ныхтабу-ну зæдтæн Цы ’хсыры цад дын дардта Куыд уыд æдзухдæр барст?! Нывыл дæ уынд, дæ конд? Хатыр мын уæд мæ уæндон: Цы ныфс дæм уыд, цы хин? — Уырызмæджы нын иу бон Куыд бакодтай дæхи?!. 3
Адæймагмæ баулæф, уæд та мыл Йæ ударфæй æнахуыр сырд ысуасы, Зæхх ысхæмпæл дзиглотæй, ысхъамыл, Ыссарæн нал ис иу кувæн къуым — уаз уд. Æз зымæг-зымæгдæргъы цы куырдтон, Арсмæ уыд, фынæй арсмæ, мæ куывд,— Арс, ныууадз ма тагъддæр, цæй, дæ хуыкком, Уалдзæджы уды та бауадз уд. ’Мæ та кæд нæуæгдзыд цъæх кæрдæгыл Къæсæрмæ æрбафæд уаид фæд, Цæст та ’рхæцид иухатты æндæргыл, Зæрдæ та ныммæйрухс уаид кæд... , Хуссар Ирыстоны хæсты рæстæджы бирæ хæстхъомтæ • сæхи райстой уырдыгæй Цæгат Ирыстонмæ æмæ сæ фенæн уыд базарты. Мæ бон дæ кæлдзæни, æнхъæлдæн, Ирыстон, Ызгъæлы йæхимидæг фарны мæсыг, Дæ фырттæ кæцæй цы ратоныныл систы, Дæ сæрыл салдаты цæуæг дзы чысыл. Нæ фыдгул — æнæмакæзæгъæг — æвналы Тыхтонайы охыл дæ уаз зæхмæ ныр... «Дзыццамæ мын чи бадзурдзæн»,— зæгъæг нал и Дæ арæнгæрæттыл, цæмæ ’рцыдтæ, Ир! 1992 азы апрель Цы уыд мæ сонт дуг, циу мæ кар дæр,— Хъысмæтæн, амондæн — æнад. Мæ зæрдæйыл хъыхъаг пул калгæ Кæдæмдæр афардæг и цард. ЗÆРОНД УС Цавæрдæр зæронд ус мыл ныпъпъæззы, Ме ’ккой бады, чердæмфæнды цу, Къахайсын мæ нал уадзы ,ныхъхъæрзы, Нал мын дзы и фездыхсæн, фæцух. 4
Зæрдæ бамæгуыр вæййы йæ уындæй, Нал мын уалдзæг уыимæ, нал — цин, Бабырыди ме уæнгты, мæ уды,— Охх:, мæ бон, кæд ме ’взонгад фæци. Мæ уд дæр зилы хæйрæджыты ’рфæнты, Тæлфы мæ гуырдзы, хатын æй, фыДуд,— Фыдæхæн мæ фыдæхæй дзуапп фæфæнды,— Куы сфæлмæцы зæххон фыдæхтæй уд. Фæлæ, Хуыцау, о, табу уа дæхицæн, Дæ зæнæг дæн, дæ хъæбул дæн æрдзæй, Ды-иу æрлæуу мæ зæххон удæй ме ’хсæн Æмæ-иу зæгъ,— фыдæхы бар дын нæй. Цæмæй та-иу мæ зæрдæйæ рæмудзой Сыгъдæг суадонау зарæджы зæлтæ, Фыдæхы ’ууæлтæ зарды зынджы судзой, Æвзалы фестой хæйрæгдзыд фæндтæ. ХÆЛÆРТТÆМ Æмуд, æмзард, æмцин, æмцæссыг, Æндзæрстам иу гуылы бын арт, Нæ зыдтам хин митыл æрвæссын... Ныр нæ цытæ сарæзта цард! — У ’хсæвæй райсоммæ нæ цард, Нæмыгдзæф, тугæрхæм нæ бæстæ, Хæрæм дæ сыгъдæг номæй ард Уæддæр, нæ табуйаг Ирыстон. Æрцыд лæгæвзарæны рад, Ис махæн иу нысан æрмæстдæр; Хæцæм, ирон лæппуты зард Цæмæй нæра нæ кæмтты ’нусты. Йæ фæнд, йæ ехсдзæфтæй æнæнхъæл Ыскуыдз, ысхæрджытæ ыстæм, Æмæ йæ къæсæртыл, уæ фæхъау, Ыстæг мæн фæуайæ хуыссæм. Тезиаты Олегæн Хæцæм, нæ кæстæртæ цæмæй Нæ бæстæ мах номæй дæр уарзой, Цæмæй Иры зæххыл цæрой Фæрнæй ирон байзæддаг райсом. Цæмæй цæра æмæ цæра Нæ хæхты барджынæй ирон дзырд, Ныры фæздæгдзыд уæзæг уа Нæ туджы аргъæй сомбон хурдзыд. Цы ’рцыд? Æви мæ зонд чиуы? ■ Цы худджытæ æвзарын! — Хæрæг чи у, хæйрæг чи у, Охх, уый дæр нал æвзарын. ХУССАРЫ ХÆСТОНТÆН 5
МÆ ЗОНГÆ Йæ уды марг йæ цæсгомыл Фыдгул æрбарæмыгъта н ’арæн, æнхъæвзта ’мæ Йæ бафæсвæдæн хос ыссардта уæд: Ныр йæхи йæ туджы найы... Йæ урс зачъеты сау цæсгом нымбæхста ’мæ Уæд атъæпп уа! — Æнхъæлдта Ирæн Ныр дардæй кæсæг фенхъæлдзæн, у зæд. Ос-Бæгъатыр фырттæ нал и. ТЫХГÆНÆГ «Ирæттыл уæлахиз дæр нæ фæуы- дзыстæм, афтæмæй ма дунейыл дæр нæхи ныххудинаг кодтам...» Шеварднадзе— Гуырдзыстоны телеуынынадæй. Дæ кæрдтæ сцагътай æмæ нæм ныббырстай, Уыдзысты, ’нхъæлдтай, Иры бынтæ дæу, Ныр бамбæрстай, лæбурæгæн Ирыстон Хуыцауы цæхæрадон нæу... 1992 азы июнь. КУЫВД Хуыцау, æртæ кæрдзынæй арæм Дæ ном нæ тыхст æмæ уырыхсты,— Фыдгул нæ бæстыл арт æндзары, Мæлынц ирон лæппутæ хæсты. Нæ Иры хуссар та ныббырæгъ, Кæны фыдгул бырсæнтæ, къахæн... Нæ ацы куывд —- цæрæнбоны рæгъ, Хуыцау, фæстаг рæгъ ма скæ махæн. Нæ армыдзаг хæстон богæлттæ Уæнт де уазæг, нæ табу айс нын! Нæ урссæр дзуарылæг зæрæдты Æнæ кæстæр аходæг ма скæн! ФЫДГУЛМÆ Додой дæ сау къона, ацы знæт æрдонг, Иугæр ныббырстай, уæд фендзынæ ныр,— Тохмæ цæттæ стæм фæстаг лæппуйы онг, Иæ Сафайьг рæхыс нæ ратдзæни Ир! 6
ЧЫСЫЛ ЫСТÆМ, ФÆЛÆ... «Гуырдзыстоны æфсады Ирыстоним» хæцынц æлхæд æфсæддонтæ æндæр адæмтæй...» Информациг Чысыл ыстæм, фæлæ æнæ тых не стæм, Æнæныфсæй нæ бахизæд Хуыцау. Нырма Сослантæ сты нæ фæйнæгфæрстæ, Нæма курæм Батразтæ дæр æфстау. Цыбыркъабаз ирон адæм, æгайт дæр Дæхи сæрвæлтау амæлынæн дæ, Дæ хæстон фырттæ сгуыхынц та Бегатæ, Æфсады ныхмæ иуæй дæр цæттæ. Ир не ’лхæны æндæр рæтты Иссæтæ, Хæстон бæх нæм йæ бахъуаджы — цæттæ... Гъе-ей, фыдгул, фæсайдзæн дæ дæ зæрдæ! — Фыды фарн Иры н ’ацæуы мæрдтæм. 1992 азы июль. ФÆДИСЫ ХЪÆР Йе ’фсады минтæй нымайгæ ныббырста Махмæ, лæппутæ, нæ фыдгул хæстмæ, Хъуамæ нын байса нæ фыдæлты бæстæ, Сыскъуына хъуамæ нæ чысыл хъæстæ. Æмæ фæлæуут, цæргæс гуырдтæ, фидар, Ге, мардзæ, скодта ныл бонты фыддæр,— Тугæй æлхæнын та бахъуыд сæрибар, Иры сæрибар, Бæтæйы фырттæ! 1992 азы июнь. Мыдадзын цырагъ судзгæ ’ркъæдз мæ разы, Йæ рухсмæ та ныггадзрахат мæныл Дзæгъæлдзых сис, уый гæххæтты гæбазæн Мæ сусæгтæ сусу-бусу кæны. ЗОНДЦУХ БЫНДЗ Мæ рудзынгыл зыбыты иуæй бадыс, Дæ бындз мыггаг фæкодта зымæг цагъды, Фæзондцух дæ, æндæра ма куыд зарыс Ды ацы саукæуинаг царды. Мыддардтай мæм мæ райгуырдæй æрцытæ, Фыдыусау дæ хуыздæр лæггад — над, 7
Дæ фæндæгтыл мæгуыргурæй фæцыдтæн, Мæгуыргурæй дæ ацæудзынæн* цард. Зонд нæ сæргæхцыты <1хæйрæг, Æрдзы нал уадзæм æнцад, Æмæ, багъæцут, нæхæдæг Аныхъуырдзыстæм нæ цард. Нæй мур фыдæхы уаг мæ уды, зонын кувын Æмæ дæ, Лæгтыдзуар, æз зоныгылæй курын,— Ныббадт нæ урс хæхты хæсты фæздæджы сау хызг Мæ Ир — дæ кувæг Иры сыскъуыйынæй бахиз! ЗНÆТ ДÆЛИМОН Куы фестæм де знæтæй бындзагъды дугæй-дугмæ, Уæд та цæмæн хъазыс нæ сæрмæ ныр дæ кардæй?! Кæд та ысмондаг дæ Хуыцауы цоты тугмæ, Уæд айс мæ уд æмæ ныууадз мæ Иры й ’адыл.. 1992 азы май. ФÆСТАГ ЛÆВАР Мæ куыдз фæлдыст дæ гадзрахатæн, цард,— Дæ судзгæ уарзтæй мын зæрдæтæ ’вæрдтай, Уыдзæн дæ, загътай, паддзах чызджы кад, Уыдзынæ райгæ ’дзух мæ буц лæвæрттæй. Дæ дзæнгæдайыл баууæндыдтæн æз Æмæ дæ уарзтон ахæм уарзтæй, ахæм! — Уыдис мын адджын де ’взæр уа, дæ хорз... Дæ сайдæй ныр тыххæй лæууын мæ къахыл. Мæгуыр, зæрдæниз — де стырдæр лæвар Дæ «паддзах чызгæн», бастъæлай, дыдзæсгом, Фыдгуырд хæзгулау мын мæ уд фæлвар Фыдæбæтты,— цы хæрзтæ дæ æвзæрстон!.. Фæлæ æз дæр дæ лæппынтæй нæ дæн,— Дæ фыдæхтæ мыл иууылдæр ныууарæнт, Уырдыглæугæ, сæрбæрзондæй уæддæр Дæ фæстаг «лæвар» райсдзынæн — мæ мæлæт. Дæумæ та ’рмæст уæд æрцæудзæн фæсмон, Мæ былтæ дыл куы акъуырон мыггагмæ, Уæд фыны, хъалы дзурдзынæ мæ ном, Ныр уал мыл худ, æз худдзынæн фæстагмæ. О, урс гæххæтт — æдзæрæг зæххы гæппæл, Кæс-ма, æз дæ куыд аскъæрдзынæн гутон, 8
Мæ уды зынг, мæ кусæг къухты тæппал Дæу фестын кæндзæн адæмæн æлутон. ШЕВАРДНАДЗЕ йæ.хин, йæ митæ дардыл ысты уымæн,— Дунейы роны барувас, кæсут-ма, Куырыхонхуызæй бæстæтимæ слымæн, Зæххы къори дзы номы гуырд ысуыдта. Мæ Иры туг та сæргæхцæй куы хырхы, Уæздан дзургæ, дæлимон Шеварднадзе, Цæуы куы иутæм, иннæтæм фыдтыхы, Ныр та йæ цæсгом равдыста Абхазы. Дæ бон ныккалай, дуне, кæд цы лæг дæ! Нæ уыныс, нал, гормон, дæ фындзæй дарддæр, Æндæра хъуамæ бамбарис куырмæй дæр, Звиад кæй у дæ разагъды Эдуард дæр. 1992 азы 16—18 август. Фыдгулæй бахизæм фыдыуæзæг нæ удтæй, Нæ туг йæ сæрвæлтау нæ фесæфдзæни уæгъды,— Нæ фæрныг байзæддаг — нæ фидæны лæппутæн Уыдзæнис Иры зæхх уæд ноджыдæр зынаргъдæр. 1992 азы июнь. Уæд куыд тынг мæн уыди бæстæ Æз ныллæууыдтæн мæхицæнг Æмæ дун-дунейы амонд!.. «Нæ, уый халоны уаст нæу»,-ыл... Фæлæ ’васт кæцæйдæр хъустыл Ме ’дылыгоппа бæллиццæн Сау халоны уасын ауад. Халон загъта уæд,— фæлæуу уал.. «РУХСДÆР ФИДÆН» Ехх, дæу чи фендзæни, уастæн, Ног дæ сæраппонды минтæ Урссæр «рухс фидæн», цы дард дæ! Раттынц алыхатт сæ сæртæ... Лæг дæуыл æууæндгæ бастад, Иу мур ницы уынгæ цардæй. Чи дæ ’рымысыд, кæй хин дæ? Ды дæ аргъауы кæфхъуындар, Иу гæлхæрд фидæны иннæ Сайыс дзыллæты дæхимæ Ивы, раивы, уæддæр та Æмæ сæ кæныс ныхъуырды. ЧЪРЕБА Йæхицæй атонын нæ бакуымдта мæ зæрдæ Дæу, цал у, уал азы, о, ме ’рвгъуыз къуым, мæ бæстæ, Дæ цъæх кæркуасæнтæ, дæ фæлмæн хъарм изæртæ, Дæ хурдзыд сабыр уынгтæ, дидинæг уæлвæзтæ. 9
Дæ хъамбул сау цæстыты ’рвон уарзты цæссыгтæ, Фыдæлтон аргъуаны сæрибарæн дæ табу... Зæххы ’муæз рифтæгтау — дæ сагъæстæ, дæ хъыгтæ Æз мемæ рахастон фæндаггагæн кæддæрбон. Ныр дын дæ рухс аргъуан — дæ уаз бæллиц фыдгултæ Бынысыгъд бакодтой, дæу амардтой, о, Чъреба, Мæ цæстыл уайы, уым мæ къахвæдты ыскултæ Цыма дæ туглæсæн... Охх... Царды бардуаг де ’мбал. 1992 азы апрель. Æз равзæрдтæн табу кæнынæн адæмæн, Æмæ амонд уыцы фарны ардзынæн, Мæ уды бæрны цалынмæ уа а дуне, Гъе, уæдмæ кæудзынæн æмæ зардзынæн. Æхсæвы ронæй рабырыд сæуæхсид, Иæ фæлмæн æнгас ахаста уый бæстыл, Æрдз цардмæ сцыбæл и, ныррухс йæ рухсæй, Цыма Чырысти арвæй хохмæ ’рхызти. Æрфæззæг и, ныссæлфынæг и бæстæ, Нырхæндæг зæрдæ иунæгæй, ныссау, Нырау тæхуды никуы кодтон уарзтмæ, Фæлæ кæм и Хуыцау?! Дæуау сæркъуыр зæххыл нæма уыд, рæстæг,— Уыдтæн хæрзуынддæр хъæубæсты чызджытæй, Ныр ма мæ ц ’и? — Æнцъылдтæ зæрдæ ’рмæстдæр, Кæддæры рухс буар — царм æмæ ыстджытæ. Дæ цæргæбонтæ цардыл тохты арвыстай, Цæргæ та ма кæд кæндзынæ, Ирыстон! Æрæййæфтон дæ тохгæнгæйæ а бæсты, Тохгæнгæ дæ уадздзынæн мæ фæстæ. РУДЗЫНГ Уалдзæг раджы ’рцыд, фæлæ нырма дæр Иуварс н ’акодтон рудзынгæмбæрзæн,— Ныр мæ удæн хæлуарджыты бадæн Фестад рудзынг, цы уæ йæ æмбæхсон. Раздæр-иу æм куыд рæмыгъта зæрдæ! Уый куыд зыдта цин, амæндтæ хæссын!.. 10
Фæлæ фароны фæззæгæй ардæм Рудзынг ферох, кæмæ ма дзы кæсын. Цы тохы бон та ныл ыскодта, мардзæ! Мæлынц нæ хуыздæр лæппутæ æмæ та Ирыстоны цъæх чызджыты цъæх уалдзæг Фыдгулы цæфæй саусыгъд кæны арты. ФÆДИСЫ КАТАЙ 1 Сæрра и æхсæв сармадзанты ’мбуйæ, Гъе ’рмæст ма кувынмæ арæхсы уд: О, Хуыцау, саккаг кæн хорз зонд фыдгулæн, Ацы хæрам ын кæм æмбæхсты уыд?! Рацыд нæ зæххыл уый сау зынг æфтаугæ, Нæмгуыты ’хситтæй æрдз фестад цъæхахст, Байдзаг поэзийы ’рвгъуыз хъæлæс тугæй, Уарзты рухс цæстыты фæздæг ныццахст. О, Хуыцау, бахъахъæн артæй нæ сахар, Ма суæд аланты фæстаг сахар, ма!.. Оххай, Ныфс, цавæр ыстыхстæ! Нæ зæххыл Ам ыстæм къахæгæн мах дæр нырма. Фыдгул ныл бавзæрста йæ тыхтæ Æмæ та байдзаг Ир мæрдджынтæй, Хотыхты дæнг-дæнгæй, Саубонæй та баззад, Лæууынц нæ лæппутæ йæ ныхмæ. Ирон инæлæртты уæхсчытыл Дур æмæ лæдзæгæй. Худинаг æруæззау. 1992 азы 2-æм ноябрь. 11
ДЗЛСОХТЫ МУЗАФЕР МЫСЫРЫ СЫДЖЫТ Повесть Цалынмæ мын Элинæ фæстæмæ цæугæйæ фæндаг цалдæр хатты нæ бацамыдта, уæдмæ мæ быпатæй фезмæлынмæ дæр мæ ныфс нæ хастон. Æмæ, дам, æппæт уыдæтты фæстæ мидæ- мæ рацу. Куыд æлхъывдæй дардтаии мæхи, уый рагацау мæ цæстытыл уади. Ахæм уавæры мæхи барвæндæй цæмæн хъуа- мæ сæвæрдтаин? Элинæ мыл сывæллонау кæй аудыдта, уый тыххæй йын йæхицæй. дæр æфсæрмы куы кодтон, уæд-ма йæ мады цурмæ куыд бацыдаин! Никуы йæ федтоп, пикуы мæ федта, афтæмæй. Элинæ мæ куыддæтæ амыдтаид, Хуыцау йæ зонæг. Æвæццæгæн, мад æмæ чызг кæрæдзийы æнæ ныхасæй дæр бамбæрстой, фæлæ мады æз куыд бамбæрстаин, стæй мæ уый дæр куыд бамбæрстаид? Хъырымы мæ Элинæ йæ къухыл хæцын куы бауагъта, уæд æй амондыл нымадтон, ныр мæ йæ-« хæдæг хъæбыстæ кодта, æз та, мæ алыфарс цы адæм, уыд, уы-, доны æхсæн фырæфсæрмæй цы фæуыдаии, уый пал зыдтон. Дæ- ларм-уæларм хæцгæ уыпгты цыдыстæм æмæ марадз-зæгъай, кæд иу уæлдай змæлд скæиын бауæндыдтæн. Дæ дохтыр цы- фæнды рæсугъд æмæ æрыгон сылгоймаг куы уа, уæддæр æм æрмæстдæр нрвæзынгæнæджы цæстæй куыд кæсай, афтæ æз дæр Элинæмæ кастæн æнæфенд хъæуккаг уазæг йæ алцы фе- нæг æмæ зонæг горæтаг фысыммæ цы цæстæй фæкæсы, ахæм цæстæГк Хъуамæ Элинæны бæсты фæндæгтæ дæр æз амыдтаин, театрмæ дæр æй æз хуыдтаин, билеттæ дæр æз æлхæдтаин. Цæ- мæй мæхи æххæст адæймагыл нымадтаин, уып тыххæй нæ Элн- нæимæ нæ быиæттæ аивын хъуыд. Цалынмæ уазæгуатмæ здæхтæн, уæдмæ мæхицæп фаг фæ- дæн. Уæддæр иунæгæй кæй цардтæн, уый хорз уыд. Афопмæ мæ рафæрс-бафæрс систаиккой, цы ’рбадæлзæхх дæ, зæгъгæ. Телефон ныдздзипг ласта. Аппарат рудзынгæмбæрзæны фæстæ уыд æмæ йæ нæ федтон. Афтæмæй Элинæйæн та, телефон мæм нæй, зæгъгæ, загътон. Хæтæл систон, фæлæ бынтон æндæр кæй- дæр агуырдæуыд. Чысыл фæстæдæр та телефоны зæлланг рай- хъуыст. «Ногæй та уыцы лæг уыдзæн»,— бахъуыр-хъуыр код- тои мæхипымæр. Хæтæл систон æмæ гуымирыхуызæй загътоп: «Хъусын!» * Дарддæр. Райдайæн 1-æм номыры. 12
<<Цы фадæ, дæ хорзæхæй?»'— райхъуыст.и мæм редакторы хъæлæс’ \ Цыдæр дæлдæр-уæлдæр ныхæстæ йын ракодтон, фæлæ мыл, мæнмæ гæсгæ, нæ баууæндыд. Цом, дам, ресторанмæ, кæннод æй сæхгæндзысты æмæ æххормагæй зайæм. Ресторан йæ тæк- кæ змæлгæйæ ныййæфтам. Æхсæвæры фæстæ мæ зæрдæмæ кæцæйдæр рухсы цъыртт æрбакалд. Бынтон уазæджы хуызæн нал кастæн мæхимæ. Фы- сымуатыæстдæс уæладзыджы цæрджытæ иууылдæр сæхи мæн хуызæн куы æнкъардтаиккой, уæд дзы иуы цæсгомыл дæр мид- былхудт не сфидыдтаид, хъæлдзæг ныхас дзы никæй дзыхæй схаудаид. .Уыдоиæй иуы дæр йæхимæ хъусгæ никæй федтон. Æвæццæгæн, цардæн йæ кæноптæ æпæкæнгæ нæй, æндæр, уаз- джытæ æмæ фысымтæй чи кæцы уыд, уый æнцон раиртасæн уыдаид. Рестораны бадджытæм куы бакастæн, уæд мæхиуыл æрхудтæн. Адæм минас кодтой, сæ хъæлдзæг ныхас дардмæ хъуыст, бирæтæ та ма дзы суанг кафыныл дæр нæ ауæрстой, æз та, йæ род йæ гуыбыны кæмæп амæлы, уый хуызæн Элинæйы цурæй уæнтæхъил æмæ сæргуьгбырæй раздæхтæн. Цæй уазджытæ æмæ фысымтæ æрымысыдтæн! Мæ бынаты æндæр Элинæйы ресторанмæ бахуыдтаид, хъармы сæ зæрдæйы дзæбæхæн фæбадтаиккой, кæрæдзийæн адджын ныхæстæ фæ- кодтаиккой, стæй бæрæг уыдаид, дыууæйæ йæхи уазæджы хуы- зæн тыцгдæр чи ’нкъардтаид, уый. Ресторанмæ кæй ацыдтæн, уымæй нæ фæрæдыдтæн. Æххор- магæй кæй нæ баззадтæн, канд уый тыххæй мæ. Сæйрагдæр мæхи аирхæфсыи уыд. Цыфæндыйæ дæр адæмы æхсæн цæмæн- фæпды дæр æицондæр фæразæн у. Фæстæмæ куы сыздæхтæн, уæд мæ уыцы изæры митæм иуфарсырдыгæй бакæсын бафæрæз- тон.Ницæмæй сæ мæ зæрдæ барухс. Быптоп фырнымд фæкас- тæн мæхимæ. Æфсæрмы кæнып, кæм хъæуы, уым хорз у, фæлæ кæм нæ хъæуы, уым дзы хорздзинадæй ницы ис. Кæимæ æр- цыдтæн, уыдонæй дæр Элинæйы цымæ цы рамбæхс-бамбæхс кæнын? Ам мын зонгæ чызг ис, зæгъгæ, зæгъынæй цæ^мæй тæр- сын? Не ’хсæн æрмæстдæр сыгъдæг æнкъарæнтæ йеддæмæ кæй ницы ис, уый сæ, чи зоны, ма бауырна, фæлæ мæхи кæй уырны, уый мæм фаг цæуыннæ кæсы? Инцæтæ-ма цыфæнды фæуæнт, фæлæ мæ редактор дæр иæ зоны? Иуæпдæс азы иумæ куы фæ- куыстам. Бирæ чызджытимæ мæ федта? Стæй мæ куынæ фед- таид, уæддæр мæ хабæрттæ нæ хъуыстаид? Элинæмæ бадзурын мæ афтæ тьпгг æрфæпдыд, фæлæ хæтæл йæ мад куы сиса, уымæй тæрсгæйæ мæхиуыл хæцыдтæн. Аф- тæмæй та чысыл раздæр мæхп ме ’нæныфсы тыххæй æфхæрд- тон. Æнæбадзургæ йæм нæй! Сисæд æй йæ мад! Хæргæ мæ акæндзæн? Элинæмæ-ма фæдзур, зæгъгæ, йын зæгъдзынæн æмæ ахицæн. Телефоны хæтæл систон. Элинæйы телефоны номыртæ, æм- бисæхсæв мæ куы райхъалчындæуыдаид, уæд дæр сæ загътаин, фæлæ зиллакк æрыздухыпмæ куы хъавыдтæн, уæд нымæцтæ 13
æддæг-мидæг ауадысты. Мæхинымæр сæ кæрæдзийы фарсмæ бæлвырд фæткыл æрæвæрыныл ацархайдтон, фæлæ ныссуйтæ дæн. Кæм фыст уыдысты, уыцы чиныггонд агурын мæ бахъуыд. Дзæгъæлы мæхиуыл сдызæрдыг дæн. Раст сæ здухынмæ хъавыдтæн. Цæмæдæр гæсгæ сæ хицæн гæххæтмæ рафыстон æмæ сæ мæ разы æрæвæрдтон. Найыны размæ дæхи доны бап- парын куыннæ уæндай æмæ, былгæронмæ лæбурæг уылæнтæн дæхи куы хъахъæнай, уыйау телефонмæ иуцасдæр фæрахъав- бахъав кодтон, стæй, денджызмæ æваст хи баппарæгау, фæ- ныфсджын дæн æмæ авд нымæцы тагъд-тагъд æрзылдтон. Эли- нæйы хъæлæс дзы райхъуыст, фæлæ-ма йæ уæддæр бафарстон; «Элинæ дæ?» «О», зæгъгæ, мын дзуапп радта. ’ «Æмæ, чи дæн, уый базыдтай?» Элинæ бахудт æмæ мæ бафарста: «Куыд ныххæццæ дæ?» «Тынг дзæбæх». «Нæ фæдзæгъæл дæ?» «Ацы хатт — нæ». Дзæвгар фæныхæстæ кæныиы фæстæ йын загътон, мæ уаты телефон кæй ис, уый, йæ номыр ын ныффыста æмæ кæрæдзи- йæн хæрзæхсæв загътам. Дыккаг бон фæссихор фембæлдыстæм. Йæ мад базармæ ацыди, уый куы фехъуыстон, уæд сæхимæ бацæуыныл дæр сра- зы дæн. Мит йæ уарынæй банцад. Дымгæ дæр нал кодта. Мигъ- тæй арв уыйразмæйы хуызæн æмæхгæд нал уыд. Иуцасдæр-иу хуры цæст ракæсын дæр бауагътой. Элинæйы хæдзар-ма тых- хæй-фыдæй ссардтон. Раст зæгъын хъæуы, æндæр ранæй йæм цыдтæн, фæлæ мын æй Элинæ телефонæй афтæ лæмбынæг фæ- цамыдта, æмæ æнхъæлдтон, иу ран дæр нæ фæкъуыхцы уыдзы- нæн, зæгъгæ, фæлæ та, æдзухдæр куыд вæййы, афтæ цалдæр раны фæрæдыдтæн. Æрæджиау уæддæр æрбахæццæ дæн. Эли- нæ мæм дуармæ æнхъæлмæ каст. — Куыд æрæгмæ цыдтæ? — йæ мидбылты бахудгæйæ сдзырд- та Элинæ æмæ мын мæ къухыл фæхæцыд. — Кæдæм мæ ласыс? — Нæхимæ цæуыныл нæ баныхас кодтам? — Дæ мад нæма ’рбацыди? — Хæргæ дæ акæндзæн, цæмæй дзы тæрсыс? Уыцы ныхæстæ айхъусгæйæ дарддæр цæуынвæнд нал код- тон. — Цом, нæма ’рбацыд,— æмæ та мыл ногæй ахæцыд. — Нæ сайыс? — Мæнæ цы ис, цыма æцæгæй бынтон ахæм дæ? Кæртмæ бацыдыстæм æмæ, нарæг тыргъы рæбынæй цы дуар уыд, уый цур æрлæууыдыстæм. Элинæ дæгъæл цалдæр зылды фæкодта æмæ дуар байтыгъта. | — Ахиз,— цыма куы алидзон, уымæй тарст, уып хуызæн мæ фæстæ алæууыд. 14
— Дæхæдæг ацу. Элинæ бахызт, цырагъ ссыгъта æмæ хæрзæфснайд уат ныр- рухс. Нæ бакомкоммæ, цармæ бирæ кæй нал хъуыд, уыцы дьгн- джыр кæсæны мæхи æмæ Элинæйы ауыдтон. Цыдæр фыдынд уыдтæн. Уæлдайдæр кæсæны. Элинæйы цæсгом дæр куы ра- зынд, уæд мæхицæй фефсæрмы дæн, ахæм рæсугъд чызджы цур æрлæууын кæй бауæндыдтæн, уымæй. — Дæ палто ралас,— æри-ма дæ худ,— барджын хъæлæсæй сдзырдта Элинæ æмæ мын мæ худ фелвæста, рагъæны сæр æй авæрдта.— Мауал лæуу. Дæ палто дæр ралас. Мæ палто раластон. Йæхи палтойы фарсмæ йæ ацауыгъта æмæ мын рог дзабыртæ радавта. — Дæ туфлитæ аив. Цы рог дзабыртæ мын рахаста, уыдон скодтон. Элинæ йæ раздарæны мæ уæлхъус алæууыд. Хæдзарон дарæсы мæм но- джыдæр рæсугъддæр фæкаст. Мæ цæнгтæ йыл куыд атыхтону уый æмбаргæ дæр нæ бакодта. Мæ риумæ йæ фидар нылхъыв- гон, стæй йын мæ дыууæ армытъæпæны йæ рустыл авæрдтон, йæ цæстытæм ын ныккастæн, æмæ дзы уарзондзинад æмæ æу- уæнк йеддæмæ куы ницы федтон, уæд нæ былтæ кæрæдзиуыл андæгъдысты. Уыцы рæстæг дзæнгæрæджы хъæр ссыд. Элинæ хæрдмæ фесхъиуæгау кодта. Иæхи атыдта æмæ мидæггаг уаты фæмидæг. Куыд бамбæрстон, афтæмæй телефон уыди, æз та йæ дуары дзæнгæрæг фенхъæлдтон. — Чи уыди? — бафарстон Элинæйы, фæстæмæ уайтагъд нуы фæзылд, уæд. — Мæ мады агуырдтой. Ногæй та Элинæйы мæ хъæбысы фелвæстон. — Мæ астæу мын сæттыс,— йæ къæхтæ стылдта Элинæ æмæ зæххыл андзæвыныл ацархайдта.— Суадз мæ, мæ хæринаг ба- судздзæн. — Цавæр хæринаг? — Куыд цавæр хæринаг? — Уазæгæн цавæр хæринаг вæййы, ахæм. — Уый бæсты ресторанмæ цом. — Иу ресторанмæ дæр нæ. Ныртæккæ бахæрдзыстæм æмæ комкоммæ — театрмæ. — Билеттæ æцæг райстай? — Уæдæ дæ сайгæ кæнын?! — Афтæ дæр вæййы? — Куыд? — Хъуамæ чызг æлхæна билеттæ? — Æлхæнынмæ куы уаиккой, уæд сæ чифæнды балхæнæд. Нæ куысты лæвæрдтой æмæ сæ уым райстон, æндæр зæгъыс, æмæ ссарынмæ сты?! Элинæ мæ мидæггаг уатмæ бакодта, телевизор сифтыгъта. — Æнкъард ма кæн, æз тагъд уыдзынæн,— цæлгæнæнмæ цæугæйæ-ма фæстæмæ радзырдта Элинæ. Тслевизор æвдисын рандыдта, фæлæ мæн уый мæт нæ уыд. 15
/Мæ хъуыдытæ уыдысты Элинæимæ. .Хъырымы’ Элин^йæ мæм Ленинграды Элинæ бирæ фæхæстæгдæр. Афтæ мæм каст, цыма не ’хсæн цы æнæзынгæ сис уыд, уый æвип’пайды æрбайсæфт > .æмæ йæ, æппьшдæр кæцæй нал зынд, ахæм р’ан авæрдæуыд. Телевизормæ кæсгæ кодтон, фæлæ дзы цы æвдыстой, уымæн ницы æмбæрстон æмæ йæ ахуыссын кодтон. Элинæмæ фæстæты бацыдтæн æмæ йын йæ хъуырыл мæ цæнгтæ атыхтон. Мæхимæ *йæ разьтлдтон æмæ йын ныбба кодтон. Дисы мæ æфтыдта йæ коммæгæсдзинад. Æмбæрстон, мæ алы бамбæлд дæр ын æхсызгон кæй уыд. Æгæр тынг мыл кæй æууæндыд, уымæй тæрсæгау дæр фæкодтон. Æнæуи та ’мæм хъæбыстæ æмæ пъатæ æххæст амопды фаг нал кастысты. Мæ монцтæ мæ, хуыдтой цыдæр нæфæтчиаг арæны сæрты бахизын- мæ, фæлæ уыциу рæстæг мæ зонд æмæ мæ зæрдæйы рæбинаг- дæр къуымы цыдæр тасæфтауæг дзæнгæрæгмæ бавналынæй -стъæлфыдтæп. Стъæлфыдтæп, куы ныззæланг кæна, амонд’ы маргъ куы ныппæррæст ласа æмæ йæ ахсгæ нæ, фæлæ уынгæ дæр куынæуал акæнон. — Хъазы-бег! — сдзырдта Элинæ.— Суадз мæ. Тагъд кæнын нæ хъæуы. Театрмæ нын байрæджы уыдзæн. Фæстæмæ уатмæ рацыдтæн æмæ йыл мæ цæстæнгас ахас- тон. Бирæхатæнджыи рагоп къамод— йæ сæйрагдæр фидауц. Йæ фæйнæ фарс лæууыд; дыууæ хъæдын сынтæджы. Уыдон дæр къа- моды æнгæсæн. Уыдис сын зырнæйзылд ставд-зæнг къухтæ. Дыккаг уаты гом дуарæй зынди чингуыты тæрхæг. Мæ рæстæг кæй фæрцы фæцыбырдæр уыдаид, уыдон уыдысты æрмæстдæр чингуытæ. Æнæфæрсгæйæ бацæуып мæм аив нæ каст æмæ Эли- нæмæ дзурын: — Дæ чингуытæ дын фенон? — Уый та дын цавæр фарст у? Дæхи фысымы хуызæн да- рын дæ бон у,— йæхæдæг уаты дуар уæрæх байтыгъта æмæ йæ къухæй мидæмæ амоигæйæ сдзырдта: — Табуафси. Мидæмæ бацыдтæп. Мæ зæрдæмæ фæцыд йæ библиотекæ. — Хорз чингуытæ дæм ис, фæлæ дæ музыкæйы тыххæй уый бæрц цæмæн хъæуы? — Аивæдтæй æппæты хæстæгдæр мæ зæрдæмæ музыкæ у, Классикон музыкæмæ хъусии æмæ хъусин. Уæлдайдæр Брамс- мæ. Мæ зæрдæмæ руясы цъыртт куынæуал фæкæсы, уæд Брам- сы цыппæрæм симфони саразын æмæ ме ’рхæндæгдзинад али- дзы. Рæстæг дын нæь, æпдæр филармонимæ дæр ацыдаиккам. Элинæ мæнæн дæр музыкæйы йæхи бæрц æмбарыи æнхъæл уыд. Пианино фыццаг хатт, институтмæ куы бацыд, уæд чи федта, роялæй клавеси^æй чи кæцы у, уый хæрзæрæджы чи ба- зыдта, уымæн классикон музыкæ цас хион уыдаид, уый зын базонæн нæ уыд. Фæлæ уæддæр Элинæмæ æнæдзургæйæ хъуы- стон, цæмæй, кæй ницы зонын, уый ма рахъæр уыдаид. 1 Фæстæмæ та Элинæйы цурмæ бацыдтæн æмæ кастæн, хæ- рипæгтимæ куыд архайдта, уымæ. Элинæ, цæмæй йæ ныхас 16
тшнæ уатмæ хъуыстаид, уый тыххæй йæ хъæрæй дзурын хъуыд. Ныр ныллæгдæр хъæлæсæй дзурын райдыдта: — Ды симфонион музыкæ нæ уарзыс? — Уарзын, фæлæ мæнмæ хуымæтæг музыкæ хæстæгдæр у. Æргом дзургæйæ симфонион музыкæ дæр уарзын. Уæлдай- дæр Чайковскийы цыппæрæм симфони, Калинниковы дыккæгæм симфони, Равелы «Болеро» æмæ-ма ноджыдæр цыдæртæ. Æр- мæст сæ Элинæйæн зæгъын нæ бауæндыдтæн, æгæр гыццыл æм куы фæкæсой, кæнæ та классикон музыкæйы хуыздæр уацмыс- тæ куынæ разыной, уымæй тæрсгæйæ. — Адæмон? — Тынгдæр адæмон. — Уарзын æз дæр адæмон музыкæ. Стæй адæмон музыкæ чи нæ уарзы, ахæм адæймаг зын ссарæн у. Классикон музы- кæйы уацмыстæй бирæтæ адæмон музыкæйы бындурыл æнца- йынц. Элинæ аивады кæцыфæнды хуыз дæр тынг æмбары. Цыма йæм музыкæйы, нывкæнынады, театр æмæ киноаивады, литера- турæйы сæрмагонд ахуыргонддзинад ис, уый хуызæн æнæкъуыз- гæйæ йæ бон дзуръш у кæимæфæнды дæр. Æрмæст æй мæнимæ, уæлдайдæр музыкæйы тыххæй, хуымæтæгдæр æвзагæй дзурын хъæуы. — Цæттæ дæн æз! Тебæйы бын арт ахуыссын кодта Элинæ æмæ мæ цуры худæнбылæй æфсæддонау уырдыг алæууыд. — Уый тыххæй дын иу хъæбыс! — мæ къухтыл æй фелвæс- тон, дзуццæджы æрбадтæн æмæ мæ хъæбысы аныгъуылд. Иæ судзгæ былтæн ын ныбба кодтон. Иуцъусдуг æнæзмæлгæйæ алæууыд, стæй, цыма цы уавæры бахауд, уый æнæнхъæлæджы фембæрста, уый хуызæн йæхи ныууыгъта. Дыууæйæ дæр куы ахауæм, уымæй фæтарстæн æмæ фæстæмæ æд Элинæ сыстадтæн. Мæ хъæбысæй æргæпп кодта æмæ хæринæгтæ фынгмæ хæссыныл фæци. Чингуыты тæрхæг кæм уыд, уыцы уаты уайтæккæ фынг арæвдз. — ’Ацы уат мæн у,— раппæлыд Элинæ. — Дыууæ йеддæмæ куынæ стут... — Æмæ цы? Телевизор кæм ис, уый та мæ мады у. — Мæ мад, мæ мад цы кæныс? Æнæуи дæр æм мæ мад, зæгъгæ, фæдзурыс? — Æнæуи та — мамæ. — Уый æндæр хъуыддаг у. — Цы нуазыс? — дзуры мæм цæлгæнæнæй Элинæ. — Ницы. — Цæй-ма, æцæгæй дæ фæрсын. Алцыдæр нæм и, ма тыхс. Куы ницы йын загътон, уæд фынгыл æрæвæрдта уырыссаг арахъ, шампайнаг сæн æмæ коньяк. — Уый алцыдæр хуыйны? — Уæдæ-ма цы дæ зæрдæ зæгъы? О, хæдæгай, хус сæн дæр нæм ис. Замманай руминаг сæн. — Ирон арахъ та? 2 Мах дуг № 2 17
Элинæ, хъазгæ дзы кæй кодтон, уый бамбæрста æмæ аххос- джынау загъта: — Ирон арахъ... нæй... Фынджы уæлхъус æрбадтыстæм. — Дæ мадæй худинаг нæу, цæуыннæ мæм фæлæууыдысты, зæгъгæ, нæ зæгъдзæн? Æви æз æрбацæудзынæн, уый нæ зоны? — Зоны алцыдæр, фæлæ изæрæй раздæр нал фæзындзæн. Æрдæбон æм цы ус дзырдта, уый йе ’мбал у æмæ хъуама? ууыл йæ фæндаг акæна. Зымæгон изæрты куы махмæ вæййынц, куы ■*— уыдонмæ. — Æви изæры дæр нал æрбацæудзæн? — афарстон Эли- нæйы æмæ йæм къахæгау бакастæн. Уый æваст фæзылд æмæ, куы фемдзаст стæм, уæд мæм йæ сæры æртхъирæн фæтылдæй бавзыста, цыма афтæ зæгъыимæ хъавыд, цытæ мæм уæндыс, зæгъгæ, зæгъгæ та кодта: — Æрбацæудзæн, æрбацæудзæн. — Куынæ ’рбацæуа, уæд та? Уæд... æз ам баззайдзъпзæн... — Куыдтæ дзурыс, уый? — Ацы дунейыл цы хъуыддаг нæма ’рцыди, ахæмæй истм загътон?.. — Мæнæ-ма фынджы кой кæн,— сбустæ мыл кодта Элинæ æмæ мæ акомкоммæ æрбадт.— Ды зæгъ. — Цы зæгъон? ! — Ирон лæгæн, цы зæгъа, уый амонын хъæуы? — Ирон лæг йæ фысымы разæй никуы ницы фæзæгъы. — Уæд та нозт рауадз. Æз шампайнаг иу гыццыл баназдзы- нæн. Дæу цы хъæуы, уый æркæн. Уырыссаг арахъ æмæ шампайнаг байгом кодтон. — Бирæ мын ма уадз! — мæ къухыл мын æрхæцыд Элинæ» — Куыд бирæ у, фынк йеддæмæ дзы куы ницы ис? — Мæ фаг у,— æмæ атуьгвзæ мæ разæй аскъæфта. Мæхицæн уырыссаг арахъ рауагътон æмæ йæм дзурьш: — Фæсид. Элинæ йæ агуывзæ систа, фæлæ цы зæгъа, уый нал зыдта. Цалдæр хатты йæ цæстытæ цары фæцавта, нæ рустæ сырх-сыр- хид афæлдæхтысты æмæ æппынфæстаг тыххæй-фыдæй сфæ- рæзта: — Цæй, нæ фембæлды тыххæй баназæм! — æмæ пæ нуазæи- тæ бакъуырцц кодтам. — Цæмæй бирæ фембæлдтыты райдайæн фæуа, уый тыххæй дæр! — бафтыдтон-ма йын йæ ныхæстæм. Æз мæ нуазæн анызтон. Элинæ дзы иу-дыууæ хуыппы акод- та æмæ йæ фæстæмæ æрæвæрдта. — Фысым афтæ куы нуаза, уæд уазæг дæр йæхиуыл ауæр- дын байдайы. — Цæй-ма, нæ йæ зоныс, нæ нуазыи, уый? 18
— Æмæ æз дæумæ гæсгæ расыггæнаг дæн? — Ды нæлгоймаг дæ, стæй кавказаг. Кавказаг та алцæмæп дæр фидар у. Æртæ нуазæны банызтон, уæддæр Элииæйы агуывзæ нæма фæци. — Хæргæ цæуыниæ кæныс? — сдзырдта Элинæ æмæ мын физонæджы цалдæр карсты мæ тæбæгъы æрæвæрдта. — Хорз хæрын, цæйбæрц мын æрæвæрдтай?! Мæ зæрды нуазын пал уыд, фæлæ мын Элинæ мæ агуывзæ айста æмæ йæ байдзаг кодта. Йæ бынатæй сыстад æмæ сдзырд- та: , — Мæ нуазæн дын. — Нуазæн ирон адæммæ йеддæмæ никæмæ ис, уый дыл пæ загътон? — Нуазæн ирон адæммæ йеддæмæ никæмæ ис æмæ дын æй аз дæр уымæн дæттын,— ацахста мæ Элинæ. Цы гæнæн ма мын уыд.Сыстадтæн æмæ йæ райстон. Арфæ йын ракодтон æмæ йæ банызтон. Мæ афтид агуывзæ хæрдмæ систон, æрфæлдæхтон æй æмæ Элинæмæ дзурын: — Исты-ма зæгъыс? — Ницыуал. — Уæдæ-ма æз зæгъын! Элинæмæ бауадтæн æмæ йæ астæ- уыл мæ къухтæ атыхтон. Ныбба кæнынмæ йын хъавыдтæн, фæ* лæ йæ сæр радав-бадав систа. Марадз-зæгъай, кæд мæ бауагь- та. Фæстæмæ мæ бынаты æрбадтæн. — Цæуыннæ мæ бауагътай дæхицæн ба кæнын? — Нозтджын адæмæн иæ фæбатæ кæнын. — Чи у нозтджын? — Ды. Мæ фæпд кæй нæ рауад, уый мæм хардзау æркаст. Уыцы ныфсджынæй фестадтæн æмæ йын цайынмæ ныбба кодтон, уæд- мæ пал сбадтæн. — Уый та дын нозтджын! — Барæй дын загътоп афтæ. — Цæмæн? — Зыдтон æй, хъыг дын кæй уыдзæн, уый, æмæ... — Æмæ цы? — Ницы!.. Бирæ куы зонай, уæд тагъд базæронд уыдзынæ! Хæрд куы фестæм, уæд Элинæ фынг систа æмæ йæхи рæвдз кæнынмæ февнæлдта. Цæмæй æнæфсæрмдæр уа, уый тыххæй иннæ уатмæ рацыдтæи. Цæмæдæр гæсгæ мæ театрмæ цæуын нал фæндыд: — Уæд та мауал ацæуиккам? — Кæдæм? Театрмæ? — О. — Уый та куыд? — Мæн дæуимæ фæпды... — Æмæ мæнимæ нæ уыдзыиæ? — Куыд ничи пæ уына, афтæ... 19
— Афтæ ныртæккæ не стæм? — Ноджыдæр-ма... — Фыдуаг митæ куы кæнай, уæд дæ хъуыддаг хорз нæ уы- дзæн!.. Мæхинымæр хъуыдытыл фæдæи. Цыма базыртыл кæдæм фæ- цæйтæхынц, уырдæм фистæгæй фæцæйцыдтæн, афтæ мæм фæ- каст. Бæмбæджы цы дур тыхт уыд, уый æхсгæ дæр нæма фæ- чынд, афтæмæй разынди. Дæлгоммæ ныхæстæ уæлгоммæ фæлдæхтæй иæ фидауынц. Элинæйы сыгъдæг улæфт хуыр-хуы- ры бын фæуынæн æвгъау уыд. Уый мæм сæгуыты цæстæй каст, æз та пæм бирæгъы дæндæгтæ æвдисынмæ хъавыдтæн. Æндæр тыхтæ та мæ иннæрдæм ардыдтой: «Уарзондзинад ницæуыл ауæрды. Æцæг æнкъарæны бон алцыдæр у. Дæхи æгуыдзæгæй кæй æвдисыс, ууыл та фæсмон кæндзынæ. Ма фæрæди. Лæгдзи- иад дæм разынæд!» Элипæйы уатмæ бацыдтæн. Фæстæты йæ æрбахъæбыс код- тон. Нæ дыууæ дæр кæсæны разындыстæм. Кæд, мæхи амонд- джын куы фæхонын, уæд æдзухдæр афтæ фыдынд вæййын, уæд мæ раны дæн. Мæ мидбылхудт мæ зæрдæйы цинæн йæ дæсæм хай дæр не ’вдыста. Мæ цæстыты каст дæр мидбылхудтæй арф- дæр æмæ бæлвырддæр нæ уыд. Мæ цæсгом цыдæр хъæлдзæг- дзинад æвдыста, фæлæ, риуы цы æнкъарæнтæ тæлфт, уыдоныл не ’мбæлд. — Кæсæнмæ дыууæйæ иумæ нæ фæкæсынц,— сдзырдта Эли- нæ. Мæн æиæуи дæр, мæхи куы уыдтаин, уæлдайдæр рæсугъд Элинæйы фарсмæ, уый нæ фæндыди æмæ кæсæнмæ чъылдым- мæ æрлæууыдтæн. Элинæйы мæ хъæбысы æрбакодтон æмæ йын йæ хъусы бадзырдтон: — Ам куы баззаиккам, уый мæ фæндьт. — Ууыл мауал дзурæм! — хъæрæй загъта Элинæ.— Кæи- нод... Кæннод цы уыдзæн, уый кæронмæ нал загъта, фæлæ æз дæр дарддæр сусæгæй дзурынмæ мæ ныфс нал бахастон. Элинæ, чысыл-ма мæм банхъæлмæ кæс, зæгъгæ, телевизор цы уаты уыд, уырдæм бауад, æмæ дуар йæ фæдыл рассыдта. Кæсæнмæ та раздæхтæн. Æнæ Элинæ мæхимæ, æдзухдæр куыд вæййын, ах’æм тынгдæр фæкастæн. Æвæццæгæн, рæсугъд фыдынды цур рæсугъддæр куыд фæзыны, афтæ фыдынд та рæсугъды цур фыдынддæр афтæ фæзыны. Мæ хъуыдымæ гæс- гæ Элинæйы цур хъуамæ йæхи хуызæн рæсугъд лæппу лæу- уыдаид. Фæлæ цыма Элинæ, мæнæй цас рæсугъддæр уыд, уый нæ хатыдта, афтæ мæм каст æмæ ма ууыл мæ зæрдæ дардтон. — Цæуæм? — мæ уæлхъус алæууыд Элинæ. Хæдзарон дарæсы дæр мæм рæсугъд каст, фæлæ йæ сау- сауид хъæдабæ къабайы куы ауыдтон, уæд бынтондæр йæ хуыз скалдта. Иæ гом хъуырыл сызгъæрин рæхысыл æрттывта ца- вæрдæр зынаргъ дур. Мæ цæстæнгас ыл æгæр куы афæстиат, 20
уæд мæ бафарста: '.,'"' ’ ’ м .. — Базыдтай йæ? — Кæй? — Ацы дур? — йæ риумæ ацамыдта Элинæ. — Нагъ. — Ялтæйы кæй ссардтай, уымæй йæ саразын кодтон. — Цыдæр куы хуынди? — Аметист. — О ,о, куыд мæ ферох и? — Хæдæгай! — цыдæр йæ зæрдыл æрбалæууыд Элинæйæн æмæ, иумæйаг уат кæй хуыдта, уым фæмидæг æмæ дурыны сагъд кактус йæ дыууæ къухы* бæгæныйы кæхцау рахаста. — Ботаникон цæхæрадоны цы кактус æртыдтай, уый у. Æви та уый дæр нал хъуыды кæныс? — Писмойы дæр-ма мæм куы фыстай, схæцыди, зæгъгæ... — Фыццаг дынджыр къуыбыр ыл кæд фæзынди, уый зоныс? Мæ гуырæн бонмæ. Цыма мын æй лæварæи ды æрбахастай, афтæ мæм фæкаст... Уагæры-ма мæ æцæг истытæ куы зонид! Кæмдæр æнæнхъæ- лæджы цы дур ссардтон, уымæй йæхицæн рæсугъддæр æмæ зынаргъдæр дзаума сарæзта. Давæгау Хъырымы ботаникон цæхæрадонæй цы дидинæг рахастон, уый та йæм зынаргъ лæ: вары хуызæн фæкаст. Стæй хуымæтæджы лæвары хуызæн нæ, фæлæ йæ Райгуырæн бонмæ йæхицæн кæй саккаг кодта, ахæм. ’.— Схæцынæнхъæл ын ничи уыд. Чи-иу æй федта, уый-иу афтæ дзырдта, æгæр дынджыр, дам, у. — Афтæмæй мын æй ды та тонын нæ уагътай... Элинæ æрбауад æмæ мын мæ русæн аба кодта. — Цæуæм? , — Бирæ-ма нын и рæстæг? — Сахат æмæ æрдæг. — Æвæццæгæн, дард у? — Нæу, фæлæ сабыргай цæудзыстæм. Ды Ленинграды ни- куыма уыдтæ æмæ йæ уынгты цæугæйæ хæдзæртты къултыл зæрдылдарæн къæйтæм кæсгæйæ дæр бирæ цыдæртæ базондзы- нæ. Нæ горæты зæронд уынгтæ музейты хуызæн сты. Æви мæ ныхæстæ дæ зæрдæмæ нæ цæуынц? — Цæуынц, цæуынц, Элинæ! — æмæ йын йæ астæуыл мæ цæнгтæ атыхтон. — Кæд цæуынц, уæд мах дæр цæуæм. Цæмæй дæ горæт афтæ хорз зонай, уый тыххæй дзы канд цæрын фаг нæу. Æнæмæнг æй хъуамæ бирæ уарзай. Элинæ цы’ма цæрæнбонты экскурсоводæй фæкуыста, уый хуызæн зыд- та, цы уынгты цыдыстæм, уым цы хæдзæрттæ уыд, уыдоны ивгъуыд. Чи дзы цард, кæм дзы цы кусæндон уыд, кæй проект- мæ гæсгæ арæзт æрцыд æмæ бирæ æндæр фарстатæн дзуапп лæвæрдта цæугæ-цæуыи. Ленинграды Стыр драмон театры исто- рййæ уыйбæрц бæлвырддзипæдтæ зыдта, æмæ йæм кæцыфæн- ды аивадиртасæг дæр бахæлæг кодтаид. 21
Театрмæ куы бацыдыстæм, уæд-ма ныы ;сахаты æрдæджы бæрц рæстæг уыди æмæ буфетмæ базылдыстæм. Элинæйæи къа- феттæ балхæнын мæ зæрды уыдис. Куы йæ базыдта, уæд мыл иыххæцыд, нæ, дам;, мæ хъæуы. Æз бæгæны æлхæнын æфсон рады æрлæууыдтæн æмæ куы бахæццæ дæн, уæд къафеттæ дæр райстон. — Цæмæ сæ балхæдтай? — сусæгæй мын мæ хъусы æрба- дзырдта Элинæ. — Махмæ ахæм æгъдау ис: театрмæ чызгимæ бацыдтæ, уæд ын хъуамæ къафеттæ балхæнай. — Ды дæр фелхæныс? — Искуы-иу хатт. Æрмæст ды кæмæн æнхъæлыс, ахæм чыз- джытæн нæ. Фыццаг дзæнгæрæг ныццагъта. Мæ къухыл мын æрхæцыд æмæ мидæмæ бацыдыстæм. Элинæ, спектакль мæ зæрдæмæ цæуы æви нæ, уый базоны- ны тыххæй-иу мып рæстæгæй-рæстæгмæ мæ хъусы æрбадзырд- та: «Дæ зæрдæмæ цæуы?» , Цæуы, зæгъгæ, та-иу æз дæр мæ сæр батылдтон. Сценæйы цытæ цыд, уыдон адæм, æвæццæгæн, мæнæй тынгдæр æнкъард- той. Худтысты, сæ уынæр-иу райхъуыст, йæ хъуыды ныхæсты æххуысæй чи ’вдыета, ахæмтæ дæр-иу дзы разынд. Æз та æн- цад бадтæн. Иуæй, æцæгæлон адæмы æхсæн уыдтæн, иннæмæй та цавæрфæнды спектаклы дæр мæ уавæр æддæмæ æвдисаг нæ дæн æмæ мæм Элинæйы зæрдæ дæр уымæн æхсайдта. Æрмæст лу ран куы бахудтæн, уæд Элинæйæн дæр æхсызгон уыд æмæ йæ сæр ме уæхскыл авæрдта. Сценæйы разындысты дыууæ лæггадгæнæджы. Дыууæйæ дæр — нæлгоймæгтæ. Кодтой кæд сылгоймаджы куыст — æв- зæрстой къуымбил. Æрмæст сæ куыст дæр мын худæджы хос фæци. Дыууæ къæдзæхы йас лæджы чыргъæды фæйнæ фарс æрбадтысты æмæ зæронд устыты хуызæн сындæггай къуымбил æвзæрстой. Галиуырдыгæй чи бадт, фылдæр уый ныхас кодта. Иу заман йæ уæзхъус æмбалы фэзрсы, базары фыс цæй аргъ у, зæгъгæ. Уый йын афтæ: . — Цыппар туманы æмæ фондз сомы. • Уыцы ныхæстæ зæгъыны фæстæ-иу дыууæйæ дæр, кæрæдзи- йæ цы хæс дардтой, уый æххæстгондыл банымадтой æмæ та-иу дарддæр сæ куыст кодтой. Бæлвырд рæстæг-иу рацыд æмæ та-иу галиуырдыгæй бадæг уæзхъусы бафарста: — Базары фыс цæй аргъ у, загътай? , — Цыппар туманы æмæ фондз сомы,— дзуапп ын-иу радта уæзхъус. Артисттæ дыууæйæ дæр тынг дæсны хъазыдысты. Иу фарс- тæй-иу иннæ фарсты æхсæн цымыдисдзинад афтæ бæрзоидмæ систой æмæ-иу фарстæй дзуаппы ’хсæн худты бын фæци. Æз дæр худтæн. Ме ’нкъарæнтæ æппæты тынгдæр уыцы еценæйы разындысты. Элинæ дæр йæ сæр ме уæхскыл уæд авæрдта. 22
Мæ зæрдæмæ фæцыди спектакль. Элинæ дæр æй бамбæрста æмæ нæ балцæй райгондæй баззад. Мидæгæй бирæ фæуыны фæстæ мæм æдде уазал фæкаст. Элинæйы гæртт-гæртт дæр цыди. — Уæхимæ бадзурын дæ нæ фæнды? — бафарстон Элинæйы. — Цæмæн? — Кæддæра дæ мад æрбацыд. — Уæдæ йын цы фæуын æнхъæл дæ? — Уæд та йæ исчи аскъæфта æмæ йæм агурæг цæуын хъæ- уы? — Кæд дæ афтæ фæнды, уæд æм бадзурдзынæи. Телефоп:автоматæй йæм бадзырдта æмæ æцæг сæхимæ ра- зьшд. — Такси æрцахсæм æмæ сымахуылты ацæудзыстæм. Элинæ ницы сдзырдта. — Куыд зæгъыс? — Дæу куыд фæнды, афтæ. — Уæдæ цом, такси кæм ф&лæууы, уырдæм. Нæ амондæн нæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд... Дыккаг бон уыдыстæм Пушкины номыл драмон театры. Уырдæм, дам, билеттæ арæх сæрибарæй ссарæн вæййы, фæлæ дзы æз цы спектакль федтон — «Пушкины царды фæстаг бон- тæ», уымæ кæд билеттæ æнцонæй ссарæн уыд, уæд мын, театр- дзаутæ зын бамбарæн уыдысты. Тынг уырнинагæй равдыстой артисттæ* поэты царды зындгонд хабæрттæ. Æууæндыдтæн йæ бинонты, хæстæджыты, зонгæты сурæттыл дæр, уымæн æмæ уыдысты цардæгас. Мæ цæуыны рæстæг æрхæццæ. Элинæ æртæ боны мæ къах- дзæфтæ фæнымадта. Канд йæ фарсмæ куы уыдтæн, уæд нæ, фæлæ куынæ уыдтæн, уæд дæр. Мæ командировкæйы хъуыд- ,дæгтæй дæр æнæкондæй ницы ныууагътон. Иннæтæ кæдæм цы- .дысты, уымыты æз дæр уыдтæн. Куыддæр-иу мын фадат фæци, афтæ-иу Элинæмæ телефонæй бадзырдтон. Иунæг хатт дæр æй йæ мад нæ систа. Иæ мады куы базыдтаин, уый мæхи дæр бæр- гæ фæндыд, фæлæ мæм уый бæрц ныфс нæ разынд. Фæстаг изæр-ма Элинæимæ фембæлдыстæм сæ хæдзары цур. Йæ хъæлдзæгдзинад фæцыдæр. Иæ дзыхæй дзырд нал хауд. Хуыздæр уавæры нæ уыдтæн æз дæр, фæлæ йæ æддæмæ не ’вдыстон. Иуцасдæр сæ хæдзарæй цæхгæрмæуынгмæ æнæдзур- гæ дыууæрдæм фæрацу-бацу кодтам. Фæстаг хатт-ма сæ хæ- дзары цурмæ куы бацыдыстæм, уæд æй бафарстон: — Ихæн дын нæу? ,— Ихæн мын, ды куы ацæуай, уæд уыдзæн. — Ахæм ихæн мæнæн дæр уыдзæн. ’— Цæмæй ихæнæй ма басийæм, уый тыххæй мама ацу. — Мæ билет мæ дзыппы куы ис... ’. — Фæстæмæ йæ радт. — Æмæ уый фæстæ билет агурæг зил... — Нæ зилдзынæ. Æз дын ссардзынæн. Æцæгæй зæгъын: иу 23
æртæ боны ма фæлæуу. Чи дын цы кæндзæн? Дæхæдæг дæхи- цæн хицау. Дæ отпускæй æртæ боны раздæр рацæудзынæ. — Элинæ? — Хъусын дæм. — Уый тыххæй мауал дзурæм. Цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ йæ хъуыр ахгæдта æмæ иннæрдæм азылд. — Цы кодтай? — мæхирдæм æй разилыныл ацархайдтон. Нæ мын бантыст. Иннæрдыгæй йæм бацыдтæн æмæ иæш цырагъы рухсмæ йæ цæссыгтæ ферттывтой. — Кæугæ кæныс? Элинæ йæ къухмæрзæнæй йæ цæссыгтæ асæрфта. — Исчи фæндаджы размæ кæугæ фæкæны? — Кæугæ нæ кодтон,— йæ мидбылты æнæбары бахудт Эли- нæ! — Цæуыннæ мæ уадзыс аэропортмæ? — Цæмæ дзы цæуыс? •— Уæлдай хатт-ма дæ куы фенон, уый мын хæлæг кæныс? — Райсом дæ куыстмæ цæуын хъæуы... — Уый мæт ма кæн. Мæ хицаумæ бадзурдзынæн æмæ йын зæгъдзынæн, иу сахат æмæ æрдæг айрæджы кæндзынæн, зæгъ- гæ. Иæ бæсты æз дæр бакусын. — Омæ дæ кæд афтæ фæнды, уæд дæ бар дæхи... — Де ’мбæлттæй æфсæрмы кæныс, æмæ сæм мæхи нæ рав- дисдзынæн. — Цæмæй сæ æфсæрмы кæнын! Уыдон æй æнæуи дæр зо- нынц. — Цы зонынц? — Ам мын чызг зонгæ кæй ис, уый. — Фæлæ чи у, уый нæ зонынц. — Омæ йæ уадз æмæ базонæнт. Райсомæй Элинæйы аэропорты ныййæфтон. Æнæхъæн саха- ты бæрц-ма иумæ фæрацу-бацу кодтам. — Ды та мæ нæ уагътай,— фæуæлахизуæвæджы хъæлæсæй сдзырдта Элинæ.— Кæд-ма фембæлдзыстæм, Хуыцау йæ зонæг. — Фембæлдзыстæм та. — Нæ мæ уырны. Дæумæ дæ бынатæй фенкъуысынæй зын- дæр’ ницы кæсы. Командировкæйы æрвитæг дæ куынæ фæ~ уыдаид, уæд ардæм зынæй æрæфтыдаис. — Иу бон мын загътой æмæ иннæ бон ам æрбалæууыдтæн; — Ялтæмæ кæй путевкæйæ ацыдтæн, уый цæрæнбон бирæ куы уаид, уый дæр мæ фæнды, стæй йæм мæсты дæр дæн. — Нæ дæ ’мбарын. Иæ цæрæибонмæ кæмæн кувыс, уымæ; мæсты та цæуыл дæ? Иæ цæрæнбонмæ кувын, йæ путевкæ дæуæн кæй радта æмæ кæй базонгæ стæм, уый тыххæй. Мæсты та йæм цæмæн дæн? Уый тыххæй æвзарын ацы хъизæмæрттæ. — Цавæр хъизæмæрттæ? 1— Дæуæн цы у?! Ды ацæудзынæ, æз та иунæгæй баззай.- дзынæн. 24
— Æз дæр иунæгæй æрцæудзынæн... — Ды хъæлдзæгæй ссæудзынæ, мæн та æнкъардæй уадзыс;- — Куыддæр ссæуон, афтæ дæм телефонæй æрдзурдзынæи. — Телефонæй æмæ лæгæй-лæгмæ ныхас иу не сты. — Ды та-иу мæм писмо ныффысс. Дæ писмотæ кæсын бирæ’ уарзын. — Дæ писмотæ кæсын æз дæр уарзын. — Мæ писмоты диссагæй ницы вæййы, фæлæ мæм ды цы писмотæ ныффыстай, уыдон æз цалгай хæттыты бакæсын, уый зоныс?! — Æз та дын куыд фæфæдзæхсын? — Куыд? — Куыддæр сæ бакæсай, афтæ-иу сæ аскъуын, зæгъгæ, дæм’ нæ ныффыссын? Æцæгæй мæм Элинæ фылдæр хатт ахæм ныстуан фервиты, фæлæ йын йæ иу писмо дæр нæма аскъуыдтон. Иæ зæрдæйы сагъæстæ æргомæй кæм фыссы, уыдон куыд хъуамæ аскъуынон?" Æнæнхъæлæджы, дам, искæй къухмæ куы бахауой, уый мæ нæ фæнды. Æмæ науæд мæн фæнды? Фæлæ цæмæн хъуамæ баха-- уой искæй къухмæ? Элинæйы цыфæнды тынг куы фæнда, уæд-~ дæр уыцы писмотæй мæхи æнæхай нæ фæкæндзынæн. Цас сæ фылдæр хæттыты кæсын, уыйас мæ зæрдæйыл тынгдæр æмбæ- лынц. Мæнмæ гæсгæ, Элинæ дæр æмбары, кæй сæ нæ аскъуын-- дзынæн, уый. Аскъуыдтон сæ, зæгъгæ, йын куы зæгъин, уæд ын цыма æхсызгон нæ уаид, афтæ мæм кæсы. — Зонын æй. Ды мæм цы фæфыссыс, уыдонæй мæнæй ницьг рох кæны. Æрмæст-иу мæм даргъ писмо ныффысс. Бамбæрстай? Элинæ йæ сæр разыйы тылд бакодта. — Ма дын байрæджы уæд! — мæ сахатмæ æркастæн, уьтй’ куы ауыдта, уæд тыхстхуызæй сдзырдта Элинæ. — Цæуын... VI. Райсомы фондз сахаты чысыл хъуаг уыд, афтæ райхъал дæн. Бирæ рафт-бафт фæкодтон, стæй иу афои, цы фæдæн, уый нал" бамбæрстон... Мæ фыны нæхимæ февзæрдтæн. Уæвгæ цыма æххæст фын нæ уыди, афтæ йæ рахатыдтон. Фыны цытæ уыдтон, уыдон цæс-~ тытыл уадысты, стæй сæм, цыма хъал уыдтæн æмæ сæ иуфар- сырдыгæй уыдтон, афтæ дæр мæм фæкаст. Цыма дын Гадæцциимæ кæцæйдæр æрбацыдыстæм. Брич-- кæйы дзаг цыдæртæ æрбаластам. Хъæлдзæг уыдтæн, кæдæй- уæдæйнма мах кæртмæ дæр дзаг уæрдон батулдзæн, зæгъгæ. Æрмæст, цæрæнбонты иу хорздзинад мæ зæрдыл кæмæй нæ~ бадардтон, мæ фыды æгасæй йæ хуыздæр æрдхордыл нымад чи уыд, хæстæй куынæуал раздæхт, уæд та нæм æцæгæлонæй уазал- дæр цæстæнгас чи дардта, уыцы Гадæцциимæ иумæ цæмæн ущдтæн, ууыл мæ фыны дæр нæ ахъуыды кодтон, Диссаг цы* 25
-уыди — кæртмæ уынгтыл æрбацæуыны бæсты кæд æрбацыдыс- тæм чъылдымырдыгæй, цæхæрадæтты. Уыимæ нæ æрхизын хъуыд нæ сыхæгты цæхæрадонæй. Нæ зæхмæ æркастæн æмæ дзы мæ зæрдæ барухс. Зæрæстонæй баззайын æнхъæл кæмæн уыдтæн — цыма-ма нæ хæдзар дæр æмæ нæ цæхæрадон дæр нæхи уыдысты! — уыцы зæхх канд хуымгонд нæ уыд, фæлæ-ма ’бæстон куыстгонд дæр. Хуымтыл бацæуын мæм æвгъау каст, .æнæуи та бæхты кæуылты батардтаин, уый нæ уыди æмæ мæ- хинымæр стыхстæн. Мæ сæрæн куы ницыуал хос зыдтон, уæд .ныхъхъæр кодтон: «Бæди!» «Цы кæныс?» — кæцæйдæр мæм райхъуыст йæ хъæлæс. ■ Кæсып æмæ нæ тыргътæ æхсы. Тасмæ хæцъил куыд лæмæр- ста, афтæмæй дын æй куы ауынин. Хуымæтæджы æхсызгон мын уыд! Цыма ницæуылуал стыхсдзынæн, уый хуызæн æй куы %афæрсин: «Бричкæ никæуылты батæрæн ис?» «Куыннæ! Уартæ кауы рæбынты фæндаг нæ уыныс?» • Æцæгæй дæр чылауи бæлæсты цурты уæрдонвæндагыл мæ -цæст æрхæцыд. Бæхтыл ахъæр кодтон, æмæ бричкæ æнцонтæй кæртмæ батылд. Гадæцци цы фæци, уый пал ауыдтон, фæлæ Бæдийыл тынг бацин кодтон. Хæдзары æнхъæл ын нæ уыдтæн, -афтæмæй нæхимæ кæй разынд, уый мын, сбарæн цæимæ нæй, ахæм амонд æрхаста. Ноджы йæ хæдзары куыстытæгæнгæ куы баййæфтон, уæд цыма, кæцæй пæма ацыдыстæм, уыцы хæдзар- мæ æрцыдтæн, афтæ мæм фæкаст. Нæ цæхæрадон хъуамæ .æнæхуымгондæй баззадаид, нæ хæдзар та хъуамæ æдзæрæгæй æрыййæфтаин. Мæ бæхты мæт дæр мæ нал уыди, Гадæццй кæй æрбайсæфт, уый та хъуыды дæр нал æркодтон, афтæмæй гыц- цыл цæхæрадонмæ суадтæн. Хуымтæ уыцы куыстгонд уыдьь «сты. Цыма дзы дзыццайы рæстæгæй нырмæ ницы ивддзинад æрцыд, уый хуызæн. Æппæты диссагдæр мæм фæкаст нæ дыи- ,джыр цæхæрадон. Алцæмæ дæр æнхъæлмæ кастæн, фæлæ уый бæрц зæхх исчи бахуым кæндзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн æмæ Бæдийы бафарстон: «Нæ зæхх нын чи бахуым кодта?» «Тæфс». Куы райхъал дæн, уæд мæ цыма исчи дзæнæтæй зындонмæ баппæрста, афтæ хъыг мын уыди. Мæ цæстытæ æхгæдæй дард- тон, кæд ма фæстæмæ бафынæй уаин æмæ, цы амондджын бæс- тæйы уыдтæн, уырдæм исты хуызы бахауин, зæгъгæ. Ницыуал дзы рауад. Æрæджиау ракастæн æмæ, фæрссагыл цы æртти- ваг хуры тынтæ хъазыд, уыдон, мæ фыны цы арты фарсмæ бадтæн, ууыл дон ауагътой. Фæстæмæ мæ цæстытæ æрæхгæд- тон. Уыцьг Тæфс та мæ зæрдырт æрбалæууыд. Ахæм ном хъус- гæ дæр никуы фæкодтон. Афтæмæй йыл фыны æппындæр нæ фæдызæрдыг дæн. Бæди мын афтæ зæгъы нæ хæрæфырты аём- сйахс, дам, у. Кæцы, зæгъгæ, йæ ’бафарстон æмæ, дам, йæ усы „æртыккаг ’хойы лæг. Хъалæй уыцы ныхæстæ æрымысгæйæ дя- 26
<&ы бацыдтæн, нæ фыдыхойы чындзæн иунæг хо йеддæмæ куы пæ и æмæ уымæн йæ лæг Тæфс куынæ хуыйны, уæд дзы Бæ- дийы цæуыннæ бафарстон, зæгъгæ. Цалынмæ мæ мæ фын нæма ферох, уæдмæ, стæй цалынмæ Тæфсы ном дæр мæ зæрдыл лæууыд, уæдмæ Бæдийы бафæр- сынвæнд скодтон æмæ йæм иннæ уатмæ дзурын: — Райхъал дæ? - — Æз раджы сыстадтæн. — Уæдæ де ’змæлын куы никуыцæй цæуы? — Мæ зæрде-ма фынæй уыдтæ æмæ дæ, зæгъын, куы рай- хъал кæнон. — Тæфс та чи у? — бафарстон Бæдийы. — Цавæр Тæфс?, Мæ фыны хабæрттæ йын радзырдтон. — Ды йæ дæ фыны федтай, фæлæ йæ æз мæ фыны дæр ни- куы федтон. — Адæймаджы цæстытыл цы нæ ауайдзæн... — Ды та æдзух дæ фыны нæхимæ вæййыс. — Мæ фыны дæр-ма куынæ уаин... — Æз дæр нæ хæдзар арæх æрымыеын. — Нæ хæдзар кæй ауæй кодтам, уый Дунетханы æфсои скæнин, фæлæ уый дæр цы аххосджын у? Æз 1бæлвырд уынаф- фæ рахæссынмæ мæ ныфс нæ хастон, Боцитæ та дзуапмæ æн- хъæлмæ кастысты. Уæдæ Бимболаты дæр къуыммæ бахæссæн ницæмæй уыд... Цæй, ныр ма фæнды дзур, фæнды — ма. Цы уыдис, уый нал ис, цы мæ фæнды, уый куыд нал уыдзæнис, афтæ. Уæвгæ... — Цьц «уæвгæ»? — Цынæ вæййы. Дуне иуырдæм куыд афæлдæхы, иннæр- дæм дæр афтæ афæлдæхы. — Уыдон ныхæстæ сты. Ныртæккæйы зонд мæм куы уыдаид, уæд нæ хæдзар нæ, фæлæ нæ кауы мих дæр нæ ауæй кодтаин! Куы ничи дзы цæра, уæд, дам, раууатмæ æрцæудзæни. Чи зоны, æрцыдаид. Хæдза- ры чи фæцæры, уыдон куы ’рцæуынц раууатмæ, уæд йæхæдæг куыннæ хъуамæ æрцæуа? Кæй зæгъын æй хъæуы, хæдзар æдзæ- рæгæй нæ фидауы, фæлæ адæймаг æпæхæдзарæй ноджы тынг- дæр нæ фидауы. Цалынмæ цæрон, уæдмæ мæ райгуырæи хæдзар мæ цæсты- тыл бирæ хæттыты ауайдзæн. Р1æ алы къуымты-ма мæ фынты бирæ хæттыты ратæх-батæх кæндзынæн. Фынты алцæмæн дæр уæъæн ис. Цины аккаг чи иæ уа, уьгцы хъуыддаг дæр дæ дзы барæвдаудзæн, мæсты кæнын кæуыл хъæуы, уый та дын цин æрхæсдзæн. Фынты дæ зæрдæ цы хабарæй барухс уа, уый дын хъуамæ хъадæй фæсмонмæ рахиза. Æхсызгон мын куыннæ уыди фыны нæхимæ февзæрын, Бæдийы тыргътæ æхсгæ бай- йафын, нæ цæхæрадæттæ куыстгондæй фенын! Фæлæ уыцы æх- сызгондзинад хъалæй фæсмонмæ рахызт... Мæ фæсмонæй та æхсызгондзинад никуыуал рауайдзæн. 27
Удæгас адæймагæн æнæ рæдигæ нæй. Рæдыдтæ та алыхуы- ; зæттæ вæййынц. Стыртæ æмæ гыццылтæ, срастгæнæн кæмæн , ис, ахæмтæ æмæ, срастгæнæн кæмæн нал вæййы, ахæмтæ, кæй | ферох кæнынц æмæ, ферох кæнын чи никуы бакомы, ахæмтæ. , Мæ фыды хæдзарыл кæй сыстырзæрдæ дæн æмæ йæ кæй ауæй кодтон, уый мæхицæн нымайдзынæн æнусон стыр рæдыдыл, ! срастгæнæн кæмæн нал ис æмæ уымæ гæсгæ, ферох кæнын чи . никуы бакомдзæн, ахæмыл. Уыцы хъуыддаджы Бæдиимæ иу зондыл хæст стæм. Уымæн дæр нæ хæдзар мæ хуызæн адджып æмæ æнæферохгæнгæ у. Рæдыд кæй æруагътам, уый, Дунетхан дæр цалдæр хатты загъта, фæлæ уымæ мах хуызæн нæ хъары. Чи зоны, йæ райгуырæн хæдзарæй йæ цæрæн хæдзармæ кæй ацыд, уый тыххæй. Кæннод та, йæ удыконд æндæрхуызон арæзт кæй у, уый тыххæй. Бæди, чызг уæвгæйæ, кæд мæнæй кæстæр у, уæддæр æм би- рæ хъуыддæгты йæхи бæлвырд хъуыды вæййы, мæнæй растдæр хатдзæгтæм æрцæуы. Дуне иннæрдæм рафæлдæхдзæн, зæгъгæ, йын куы загътон, уæд мемæ дæр уымæн не сразы. — Чи зоны, ды мæнæй растдæр хъуыды кæныс,— иуцасдæр æнæдзургæйæ алæууыны фæстæ загътон Бæдийæн. — Уæдæ-ма дын Боцитæ нæ хæдзар дæттынц? Æвæдза, адæймаджы куыд гьщцыл хъæуы æмæ куыд би- рæмæ фæтырны! Бæди «нæ хæдзар», зæгъгæ, кæй загъта, уый дæр мын æхсызгон уыд. Цымæ Дунетхан дæр афтæ загътаид? Нæ мæ уырны. Уый дзыхы «сæ хæдзар» тынгдæр сфидыдтаид. Афтæ куы загътаид, уæд мæм диссаг нæ фæкастаид. Чи зоны, хъуыды дæр æй не ’ркодтаин. Бæди æндæр хъуыддаг у. Уый мæн хуызæн нæ хæдзармæ, чи никуы бахуыскъ уыдзæн, ахæм уидæгтæй баст у. — Нал æй ратдзысты, нал. Стæй йæ дæтгæ дæр куыд ракæ- ной? Иу ранæй сыстадысты, уый сын æгъгъæд нæу! — Цæй уыдæттыл мауал дзур. — Мæхинымæр мæм цы хъуыдытæ æрцæуы, уый дын радзу- рон? — Нæ хæдзары тыххæй. — 0. — Хъусын дæм. — Нæ хъæуæй бирæтæ алы рæттæм фæлыгъдысты, уый зо- ныс? — Куыннæ йæ зонын! Нæхи сыхы дæр цалдæр хайы куы суæгъд и. — Зæгъæм, уыцы хæйттæй иуыл хæдзар куы саразиккам æмæ йæ Боцитæн куы радтиккам... — Уыдон та нын нæ хæдзар фæстæмæ куыд радтой, афтæ? — Хæдзар цæмæй саразынмæ хъавыс? — Ныртæккæ нæ зæгъын. — Уæдæ? — Искуы. 28
— Искуы цы уыдзæн, уый тыххæй абон цы дзурыс? — Зæгъæм, искæцæй мæм бирæ æхца æрбахауд... — Кæцæй, зæгъæм? — Уæд та мæ лотерейы билет рамбылдта... — Æнхъæлмæ кæс... — Кæнæ Бæппу искæцæй бирæ æхца æрбарвыста... — Бæппу? — О. — Мæрдтæй æхцатæ æрвитæн ис? — Уæд та-ма æгас у. — Цытæ дзурыс? — Хæдæгай, Сафирæты фыи дын нæ дзырдтон? — Цавæр Сафирæты? — Нæ мыхуыргæнæджы? — Ницы мын дзырдтай. — Бæппуйы йæ фыиы федта. — Æмæ Бæппуйы цæмæй зоны? — Хъус, йæ диссаг дæр уый мидæг ис. Кæмдæр суазал æмæ цалдæр боны куыстмæ нæ рацыд. Дохтырмæ фæдзырдта. Æрæг- мæ куы зыпд, уæд диваныл йæхи æруагъта æмæ афынæй. Иæ фыны дын туристтимæ Испанийы куы февзæрид. Бæппуйы дæр уым федта. Мæ фыд уыди, уый зыдта æмæ йæхинымæр бацин кодта, æппынфæстаг фыд йæ хъæбулты ссардзæн, хъæбултæ та сæ фыды, зæгъгæ. Сафирæт ын, мемæ кæй кусы, уыдæттæ ра- дзырдта æмæ йæ йемæ хуыдта, фæлæ не сразы. — Цæуыннæ? — Æвзæрдæр, дам, нын уыдзæн. — Кæмæн? — Махæн дæр æмæ уымæн дæр. — Цæмæй? — Уый йын нæ загъта, фæлæ Сафирæт скатай. Фæндыди йæ, Бæппуйы кæй федта, ууыл ыл цæмæй баууæндыдаин, уый тыххæй исты æвдисæндар æрбаласын, æмæ, дам ын афтæ зæгъын: «Нæ хуыз иумæ сисæм æмæ дæ къам дæ лæппумæ равди- сон». Нæ йын сразы ууыл дæр. — Йæ къам исынæй та цæмæй фæтарст? — Ныхас, дам, ирхаудзæн мæ цотмæ. Уалынмæ, дам, дох- тыр дуар æрбахоста æмæ фехъал дæн. Диссаг мæм фæкастысты йæ ныхæстæ. Зонгæ дæр кæимæ нæ уыди, уый йæ фыны куыд федта? — Æз та дæу фæрсын, куыд æй федта? — Алмахситты фын мын мæ зæрдыл æрлæуын кодта. Уый та Бæппуйы хæсты хæдфæстæ доны фаллаг фарс федта. Ацыр- дæм æй хуыдта, фæлæ йын нæ бакуымдта. — Уыдæттæй исты куы уаид, уæд бæргæ. — О, æмæ дын уый зæгъинаг уыдтæн. Зæгъæм, нæ хæдзар фæстæмæ нæхи баци, уæд хъæумæ цæрынмæ ацæуис? 29
— Ацæуин. — Æцæг? / — Æцæг. — Кæд нæ ацæуис, уæддæр, афтæ кæй зæгъыс, уый мьш æхсызгон у. — Цæмæй æвзæр у хъæуы? Мæ иунæджы бонтæ цы хæдза- ры арвыстон, уый мæнæй никуы ферох уыдзæн. — Мæлæты бирæ дзы куы нæ фæдæ иунæгæй! — Уæддæр* мæ никуы ферох уыдзæн. Хуыбырс-иу мæ фарс- мæ, афтæмæй-иу асинтыл сбадтæн æмæ-иу де ’рцыдмæ æнхъæл- мæ кастæн. Цæугæ-иу æдзухдæр хуыцаубоны æркодтай, æа та-иу дæм алы бон дæр æнхъæлмæ кастæн. — Æнæуи бонты дæр-иу æрцыдтæн. — Уый искуы-иу хатт... Цалынмæ Хуыбырс æгас уыд, уæд- мæ ницæмæй тарстæн. Йæ амарæгæн та цы загъдæуа! Куы йæ фенын, уæд иннæрдæм азилын. Машинæ, дам, ыл барæй бас- къæрдта. ■— Чи уыди? — Йæ ном дæр ын нæ зонын... Цæмæи мæ хъæуы? Хъæуы сæр цардис... Бæдийы сагъæс мæ бонæй-бон тынгдæр цæуы. Дунетханæй сæнæмæт дæн, фæлæ Бæдийы хабæрттæн ницы зонын. Кæддæр æй цы лæппуимæ æрбацæйцæугæ федтон, уый никæцæйуал ра- зынд. Чи уыди, уымæн дæр ницы базыдтон, афтæмæй йæ кой- йæ хъæр нал райхъуыст. Бæди мын, кæй зæгъын æй хъæуы, йæхæдæг ницы загъта, æз та йæ фæрсгæ нæ бакодтон. Иумæ сæ куы федтон, уæд, сæхи куыд дардтой, уымæ гæсгæ мæм афтæ фæкаст, цыма се ’хеæн цыдæр ахастдзинæдтæ уыдис. Афтæ нæ уæвгæйæ, уæд мæ кæнæ лæппуимæ базопгæ кодтаид кæнæ та мын уый фæстæ исты загътаид. Дзыццайы загъдау лæппу куы уыдаид — дæу мын лæппу цы Хуыцау нæ фæкодт.? уымæн та цы загъдæуа, зæгъгæ-иу афтæ загъта — уæд æм мæ зæрдæ къаддæр æхсаид. Азтæ мæиыл дæр чысыл нæ рацыд, фæлæ мæн азтæ æмæ Бæдийы азтæ хицæн сты. Сылгоймагæн иу афои вæййы, æмæ уыцы арæнæй куы ахизы, уæд, иуæн, йæ- хæдæг йæхимæ хъусыныл фæвæййы, иннæмæй та йæм æддæр- дыгæй дæр æндæрхуызон цæстæй кæсын байдайынц. Бæди, цасфæнды азтæ йыл куы рацæуа, уæддæр нæ биноп- ты кæстæр уыдзæн, стæй мæм, бирæ азтæ йыл рацыд, зæгъгæ, никуы фæкæсдзæн, фæлæ мæ адæмы ныхæстæ иуæй-иу хатт хъуыдытыл бафтауынц. Зонгæтæй искæуыл куы амбæлын, уæл- дайдæр, мæ хъæуккæгтæй, рагæй кæй нал федтон, уыдоныл, уæд мæ арæх афæрсынц: «Бæди-ма уæхимæ ие?» Цыдæр æфсæрмы мæ бафтауы уыцы фарст. Цыма чындзы кæй нæма ацыд, уый исты аиппимæ баст вæййы, афтæ сæ фем- б^рып. Фæстаг рæстæг мæхи æмæ Бæдийы растгæнæгау, ахуыр нæма фæцп, зæгъгæ, кæмæн фæзæгъып, уый йæ сæр разыйы тылд бакæпы, ома пын уæд æфсон ис, зæгъгæ. 30
Бæдийы кой кæиын, фæлæ æцæг уайдзæфтæ мæхиуыл æруа- йыцц. Базæронд дæ, зæгъгæ, мын-иу чи загъта, уыдонæн хорз- дзуапп æрцæттæ кодтон, куы райгуырдтæн, уæд мын базæронд- мæ куывтой, зæгъгæ. Фæлæ уый мæхимæ гæсгæ хорз дзуапп уыди, кæмæн-иу æй загътои, уыдонæн та-иу сæ фылдæры зæр-- дæмæ нæ фæцыди. Æртхъирæнгæнджытæ дæр-иу мæм фæщь Уыдон фылдæр нæ хæстæджытæ уыдысты. Мах, дам, Бæдийæк зæгъдзыстæм, æмæ дын дæ дзаумæттæ дæр нал æхсдзæн, хæ- ринаг дæр дын нал кæндзæн. Ахæм заман мæ зæрдыл Элинæ æрбалæууы. Бæди хъуыддæгтæ иууылдæр æмбары. Къорд хат- ты Элинæимæ телефонæй дæр ныхас кодта. Уæвгæ сæ ныхас рахонын дæр зын у, уымæн æмæ дыууæ-æртæ* дзырдæй фылдæр кæрæдзимæ не скæнынц. Кæд нæхимæ разынын, уæд мæм хæтæл ратты, кæд нæ — уæд та йын, нæ- химæ нæй, зæгъгæ, фæзæгъы æмæ ууыл хъуыддаг ахицæн вæй- йы. Кæй нæм фæдзуры, уый Бæдийы зæрдæмæ куынæ цæуид,. уæд мын æй исты хуызы бамбарын кодтаид, фæлæ Элипæйы* дзыхæй, зæрдæмæ цæмæй нæ фæцæуа, ахæм ныхас сирвæза, уый æнхъæл нæ дæн. Бæди йын исты гуымиры дзуапп куы: радтаид, уæд мын æй Элинæ фехъусын кодтаид. Уæвгæ Эли- нæмæ уыйбæрц æнкъарынад ис, æмæ йæхи бустæйы онг не ’руадздзæн. Ленинградæй куы сыздæхтæн, уый дыккаг бон æм ныдз- дзырдтон. Знон, дам, мæм цæуыннæ æрдзырдтай? Раст уай- дзæф мын кодта. Ноджы-ма йын мæхæдæг зæрдæ куынæ ба- вæрдтаин. Æхсæв-бонмæ, дам, нæ бафынæй дæн. Мæ зæрдæ, дам, дæм æхсайдта. Æууæндын Элииæйы ныхæстыл. Нæ базындыл куыд фыл- дæр рæстæг цыд, афтæ мыл æнувыддæр кодта. Диссаджы адæй- маг дæр куыннæ дæн! Ялтæйы фæстæ æнæ Элинæ цæрын нал фæрæзтон. Ноджы нæ ныхæсты иу хъуыдымæ кæй не ’рцыды- стæм, уый мын бынтон æнцой нал лæвæрдта. Писмотæ йæм фьистон, телефонæй йæм дзырдтон, мæ тæккæ æнкъарддæр æм- дзæвгæйæ йын йæ ном ссардтон æмæ йын æй арвыстон, уæддæр мыл не ’ууæндыди. Искуы-иу хатт-иу мæм цы писмотæ ныффы- ста, уыдон дзырдтой бынтон æндæр цæуылдæрты. Æрæджиау мæм афтæ фæкаст, цыма йыл тыххæй мæхи ныхасын æмæ йæм иуцасдæр писмо нал ныффыстон. Нал æм дзырдтон телефонæр’г дæр. Уыцы рæстæг ыл цыдæр æрцыд. Иу иннæйы фæдыл дзы писмотæ исын райдыдтон. Цы зæрдæ мæм дардта, уый нал æмбæхста. Ленинградмæ дæр уыцы писмоты фæстæ ацыдтæн, Цы мæм фыста, уыдонæй ницæуыл фæдызæрдыг дæн. Баууæн- дыдтæн, йæ риуы цы æнæхип зæрдæ тæлфы, уый мæнæн рат- тыныл кæй нæ бафæстиат уыдзæн, ууыл. Мæхицæн æй æнхъæл дæр нæ уыдтæн. Цæмæ бæллыдтæн, æнцой цы чызджы тыххæй нал зыдтон, уымæн цыфæнды куы загътаин, уæддæр ыл сразы уыдаид. Мæ фæдыл кæдæмфæиды дæр ацыдаид... — Рацу æмæ бахæр,— сдзырдта мæм Бæди.— Æз цæугæ кæнын. 31
— Афтæ раджы? — Рынчындонмæ æмбырд кæнæм. Абон-нæм лекцитæ уым ^ыдзæн. Хæринаг тагъд-тагъд ахордтон æмæ æз дæр Бæдийы фæстæ рацыдтæн. Фæндагыл мыл постхæссæг амбæлд. Газеттæ æмæ мæм писмо радта. Писмо Элинæйæ разынд. Цæугæ-цæуыи ,къонверт фегом кодтон æмæ йæ кæсыныл фæдæн: «Дæ бон хорз, мæ ахсджиаг! Æнæхъæн æртæ къуырийы дæм писмо нал ныффыстон.' Нæ <фатер цалцæг кодтам æмæ мæ ничердæм æвдæлд. Куысты дæр :мæ хъуырмæ уыдтæн. Ныр, æнхъæлдæн, æппæт хъуыддæгтæ .дæр фæсте аззадысты. Цыфæнды тыхст куы вæййын, уæддæр мæ царды иунæг уысм дæр ахæм нæ вæййы, ды мæ зæрдыл 'Кæд нæ фæлæууыс. Цыфæнды куы фæкусын, кæдæмфæнды куы ацæуын, уæддæр мæ хъуыдытæ дæуимæ баст вæййынц. Теат- *ры уæвгæйæ фæхъуыды кæнын, дæ зæрдæмæ дзы цы фæцæуид, ууыл. Музыкæмæ хъусгæйæ мæ цæстытыл фæуайы дæ хуыз. Адæмы æхсæн фæагурын, дæу хуызæн истæмæй чи у, ахæмы. Ивгъуыд хуыцаубон ме ’мбал чызгимæ уыдыстæм Елагины талуаны — реставрацийы фæстæ йæ æрæджы байгом кодтой — æмæ мæм афтæ фæкаст, цыма мæ рæзты ды æрбацыдтæ. Мæ цæстытæ атартæ сты, мæ зæнгтæ мæ быны фæтасыдысты, мæ зæрдæ риуы къултыл йæхи афтæ тынг ныххоста, æмæ йын цы- ма йæ цæфтæ адæм иуылдæр хъуыстой, афтæ мæм каст. Фæлæ, хъыгагæн, мæ рæзты цы лæппу ацыд, уый ды нæ уыдтæ. Иу-цалдæр хатты дæ мæ фыны дæр федтон. Алы хатт дæр уыцы иухуызон уавæры. Цыма-иу кæдæмдæр æрбацыдтæн, дæу- иу ауыдтон, дæ размæ-иу атындзыдтон, сдзурынмæ дæм-иу хъа- выдтæн, фæлæ-иу мæ бон нæ баци. Æцæгæй ма дæ кæд фен- дзынæн, уый та бæрæг нæу. Мæнмæ гæсгæ, ды Ленинградмæ •тагъд-тагъд нал æрцæудзынæ. Æз дæм уæддæр æнхъæлмæ кæ- сын. Тынг мæ фæнды дæ фенын. Мæ зæрдыл арæх Ялтæ æрлæууы. Мысын, денджызы был-иу куы тезгъо кодтам, уыцы бонтæ. Мæ хъустыл уайынц дæ ны- хæстæ. Мæ цæстытæ бацъынд кæнын — мæ зьгн, æндæр уылæн уылæны сурын байдайы, хуры тынтæ цæхæртæ скалынц, чай- кæтæ хъæргæнгæ фæцæйтæхынц. Ды та фæцæуыс мæ фарсмæ. Цы диссаджы амонд уыдис дæ разы уæвын! Æрæджы телевизорæй æвдыстой кино «Мæ адрис — Ялтæ», ’Чеховы тыххæй. Мæ зæрдыл та мын дæу æрлæууын кодта, Че- ховы хæдзар-музеймæ куыд цыдыстæм, уый. Мысинæгтæн нык- кæнæн дæр нæй. Æвзæр цы у: иуæн дæр дзы фæстæмæ разда- хæн нал и. Афтæмæй та цыма хæрз æрæджы уыдысты. Ленин- грады куы уыдтæ, уæд мæм цыдæр æнкъард фæкастæ. Уæлдай- дæр фыццаг бон. Цыма дæ æнæбары рарвыстæуыд, уый хуы- .зæн. Дæ зæрдæ мыл ницæмæй фæхудти? Фæсмон мацæуыл кæн. Рог чызг æнхъæл дæр мын ма у. Дæу хуызæн хæстæг мæнмæ ныронг нæлгоймаг кæй никуыма ’рбацыдис, ууыл фи- .дарæй æууæнд. Æз цы кодтон, уый, мæ сæры зонд йæ бынаты 32
уыди, ’афтæмæй кодтон. Уымæй размæ бирæ æнæхуыссæг æх- сæвтæ арвыстон æмæ мæхинымæр фидарæй скарстон: ды дæ, æдзухдæр кæмæ æнхъæлмæ кастæн, уыцы адæймаг. Ардыгæй фæстæмæ фидарæй æууæнд, мæ зæрдæмæ дын фæндаг кæддæ- риддæр гом кæй у, ууыл. Зæххыл мын дæуæй зынаргъдæр нæй! Уыдон хуымæтæджы ныхæстæ не сты. Хъазыбег, мæнæй æппындæр мацæмæй тæрс. Æз дæу никуы ницæмæй батыхсын кæндзынæн. Дæ зæрдæ цыдæриддæр зæгъы, уый кæнын дæ бон у. Кæд дæ мæ уарзондзинад нæ хъæуы, уæддæр æз ныббыхсдзынæн. Æз дæ афтæ бирæ уарзын, æмæ дæу истæмæй бахъыгдарын мæ зæрдæ нæ батæрдзæн. Кæддæр мæм цы бæллицтæ уыди, уыдоныл, дæуыл мæхи куы бафæдзæх- стон, уæд мæ къух систон, арф сæ баныгæдтон. Мæ цард мæ цæсты æппындæр ницыуал у. Дæумæ цы уарзондзинад дарын, уымæн æй нывондæн æрхастон, уымæн æмæ мын ацы дунейыл уымæй зынаргъдæр ницы ис. Искуы дын истæмæн æххуысæн куы сбæззон, уæд уый æз мæхицæн нымайдзынæн стыр амон- дыл. Мæн æрмæстдæр фæнды дæу тыххæй цæрын, дæ цин æмæ дæ тыхсты заман дæ фарсмæ лæууын. Хъазыбег, ды, æвæццæгæн, хъуыды дæр нал кæныс, иу хатт мæ, къалиуæй чи фæхицæн, ахæм сыфтæримæ кæй абарстай. уый? Æвæдза, уæд тынг раст уыдтæ. Æз мæхимæ, æцæгæйдæр, дымгæ къалиуæй кæй ратыдта, ахæм фæззыгон сыфтæры хуы- зæи кæсын. Сыфтæр ратæхы æмæ йæ дымгæ кæдæм æмæ цæ- мæн ахæссы, уый ничиуал базоны. Æбæрæгæй кæмдæр фесæ- фы. Ды та? Дæуæн нырма дæ цард разæй ис. Мæнмæ гæсгæ адæймаг амондджын вæййы, цалынмæ исты нысанмæ фæтыр- ны, уæдмæ. Йæ фæндтæ фидæны куынæ сæххæст уой, уæддæр сæйрагдæр у, абон æм бæллицтæ кæй ис. Иннæтæн нæ зонын, фæлæ мæ царды æз ахæм фæндагыл ацыдтæн. Дæуæн ма ног уалдзæг ралæудзæн, фæзындзæни-ма ног сыфтæртæ дæр. Æз та уыдонæй ницыуал фендзынæн. Хъазыбег! Цæмæн мæм афтæ æрæгмæ фыссыс? Кæм дæ, цы кусыс, куыд у де ’нæниздзинад? Æз дæм алы бон дæр æнхъæл- мæ кæсын, ды та мæм цæмæдæр гæсгæ нал фыссыс. Кæд мыл истæмæй дæ зæрдæ фæхудт, уæд мын æй зæгъ. Нæ дæм фæхæ- рам уыдзынæн. Искуы-ма нæм куы ’рцæуай, уæд мæ рæдыд сраст кæныныл бацархайдзынæн. Æрмæст дæр мын æй зæгъгæ кæн. Афтæмæй уал хæрзбонтæ рау. Дзуапп мын куы радтай æмæ дæ куы бафæнда, кæм вæййын, цы федтон æмæ цытæ фæ- кусын, уый базонын, уæд дæм иннæ хатт уыдон иууылдæр ныф- фысдзынæн. Ныр та уал хæрзбонтæ рау, мæ зынаргъ. Сыгъдæг зæрдæйæ дын зæгъын: «Дæхи Элинæ». О, хæдæгай, куыд мæ фæцæйрох кодта! Курын дæ, Хъазы- бег, ацы писмо -куы бакæсай, уæд-иу æй басудз. Ахæм хъуыд- дæгтæ ис, æмæ сæ хъуамæ зоной, кæмæ хауынц, æрмæстдæр уыдон. Уымæ гæсгæ дæ курын, æмæ-иу ацы писмо басудз. Мæ зæрдæ дыл дарын, мæ ныхас мын кæй сæххæст кæндзынæ». Терчы былмæ куы бахæццæ дæн, уæд дарддæр мæ бон цæ- 3 Мах дуг № 2 33
» < уын нал уыд. Писмо мæ дзыппы атъыстон æмæ, цы фыстытæ бакастæн, уыдоны мидисыл хъуыды кæныныл фæдæн. Цæмæп мæм ахæм æнкъард писмо ныффыста Элинæ? Уый мæнæй зæ- гъы, фæлæ, æвæццæгæн, мæныл йæхи зæрдæ истæмæн фæхудт,, æндæр æм писмо æрæгмæ кæй фыстон, уый тыххæй ахæм æп- къард хъуыдыты ахæсты куыд хъуамæ бахаудаид? Ногæн та писмо кæсыныл фæдæн. Дыккаг хатт мæм ноджы тыпгдæр бахъардта. Кæмдæр цыдæр рæдыд æруагътон, уый æикъардтон, фæлæ кæм, уый рахатын нæ фæрæзтон. Сылгой- маджы зæрдæ æнкъараг у æмæ кæд æз цы хъуыддæгтæ пе ’м’барын, уыдон Элинæ, кæддæр кæй æрцæудзысты, уый рага- цау бамбæрста, æмæ уымæн ахæм зæрдæйы хатт райста? Ныр- ма никуы ехсы къæрцц, иикуы бæхы хуыррытт, уæд йæхи ахæм уавæры цæмæн авæрдта? Мæ ныхæстæй истæуыл фæгуырысхо уыдаид, æмæ мæ дзыхæй ахæмæй куы никуы ницы сирвæзт. Æви æнæзагъдæй цы дзырдтæ баззайыпц, уыдоны азар судзаг- дæр вæййы? Мæ куыстмæ куы бацыдтæн, уæд æм телефонæн пыдздзырд- тон. Цыма йыл хур скаст, уый хуызæн æхсызгон ын уыд мæ хъæлæс фехъусып. Йæ писмойæ дæр мæ бафарста. Райстон æй, зæгъгæ, йын куы загътон, уæд цæмæдæр гæсгæ фæхъус. «Цыма цыдæр кæныс, афтæ мæм фæкаст»,— мæ пыхæстæ фехæлдтой æгуыппæгдзинад. «Ныр ницыуал кæнын»,— фæхъæлдзæгдæр Элииæ.— Дæ хъæлæс фехъуыстон æмæ мæ зæххыл ницыуал хъæуы!» Æз дæр ме ’муд æрцыдтæн. Элинæ мæ йæхицæн цыдæрхуы- зон ахорæнтæй сныв кодта, мæхæдæг æм кæй фæстæйæ пал зынын, ахæм сурæт йæ разы сæвæрдта æмæ уый йеддæмæ ни- цыуал уыны. Писмойы дæр æм ныффыстон, цы бирæ ’анппытæ мæм ис, уыдон кæй нæ уыны, уымæй кæ’й рæдийы, фæлæ йæ мæ ныхæстæ кæй нæ бауырныдтой, уый йæ дзуаппæй бæрæг уыд. Йæ писмойы мæм фыста: «Дæ аиппыты тыххæй дзурыс... Зонын сæ æз дæр, фæлæ дæ уæддæр уарзын æмæ дын аргъ кæнын. Баууæпд мыл,' лæппуйы иунæг фенд уарзондзипад чи рахопы, ахæм æхсæрдæсаздзыд чызджы хуызæн мын зонд амонын ни- цæмæн хъæуы. Уыцы ныхæстæ æндæр искæмæп уадз. Мæпæн тæригъæд кæнын иæ хъæуы. Бамбæрстай? Ацы ныхасмæ куыд- никуыуал рахизæм, афтæ. Мæнæн мæхи куыд даргæ у, уый æз. мæхæдæг хуыздæр зонын. Аиппытæ дæм ис æви нæй, уый дæр мын амонын нæ хъæуы. Мæн кæй нæ уарзыс, уымæй стырдæр аипп дæм куынæ ис æмæ дын уый куы барын, уæд-ма де ’ннæ аиппыты кой цы кæныс?» Иæ ахастдзинæдтыл цыдæр æрцыд, уый Элинæйы писмотæм гæсгæ хатыдтон, фæлæ йæ райдайæн кæм уыдис, уый бамба- рын нæ фæрæзтон. Нæ йæ уарзын, зæгъгæ, йæм афтæ цæмæн фæкаст? Кæд ын, уарзып гсй, зæгъгæ, кæй никуы загътон, уый тыххæй? 34
VII Цалдæр бопы хур æрæндæвта/ æмæ бæстæ фендæрхуызон. Бæлæсты къалиутæ дондыппыры хуызæнæй лæууыдысты. Къуы- быртæ бæрæгдæрæй разындысты. Хуссарвæрсты кæрдæджы цъæх сæрттывта. Проспекты адæмы нымæцыл бафтыд. Бирæ- тæ — уæлдайдæр фæсивæд — сæ хъарм дарæс аппæрстой æма^ сæ хуыз скалдтой. Афтæ-ма иу къуырийы бæрц куы ахæсса,. уæд-иу Терчы былты фæньгкхуыз цъæх æмæ бурбын цъæх дзы- вылдæрттæ куы иу рапæй фесхъиудзысты, куы — иннæ ранæй. Ахæм заман газетты хуызисджытæ фыццаг дидинæг цы бæ- лæстыл фæзыны, уыдонмæ гæппæввонгæй фæлæууынц. Бирæ- тæн дидинæгкалæг бæласыл сæ цæст нæма ’рхæцы, афтæ га- зетты сæ къамтæ фæзыпынц. Тæккæ рæсугъддæр чызджыты сын сæ быны æрлæууып кæпыиц, афтæмæй. Уыцы хъуыддаджы Джеуæры ничи амбулдзæн. Иуæй, рæсугъд чызджытæ æвзарьиг зоны æмæ сын сæ хуыз нсынмæ дæсны у, иннæмæй та, газет- ты хуызисджытæн се ’ппæты разæй фæвæййы æмæ редакцийы кусджытæ дæр рагуалдзæг Джеормæ къамтæм фенхъæлмæ кæ- сыиц. Йæ æрмадз мæ куысты хæдфарсмæ ие æмæ мæм арæх æрбауайы. Уыцы райсом дæр та йæ фæндаг мæныл акодта. йæ къамтæй йæм хуыздæр чи фæкæсы, уый æппæты уæле æрæ- вæры æмæ йæ дардæй æвдисгæ æрбацæуы. Йæ мидбылхудты худгæ йæ адæймаджы раз æрæвæры æмæ йæ æнæмæнг бафæреы. — Куыд у? «Æвзæр» дзы зæгъгæ дæр нæ кæндзынæ, уымæн æмæ æв- зæр иæ вæййы, стæй дæм хорз дзуапп фехъусыпмæ афтæ тынг чп æихъæлмæ кæса, уымæн йæ куыст рафауын дæ цæст куыд хъуамæ бауарза! Йæ куыстæй йып разыйæ баззадтæ, уын куы базоны, æрмæстдæр дæм уæд æвдисын райдайдзæн йæ иннæ къамтæ. Афтидкъухæй та мæм не ’рбацыди уæд дæр. Иннæ хæттыты хуызæн мып йæ хуыздæр къам мæ цуры æрæвæрдта. Курага бæлас дидинæг акалдта, афтæмæн йæ быны фæсивæды къор- ды æрлæууын кодта. Дыууæ лæппуйы æмæ æртæ чызджы дæ- ларм-уæларм хæцгæнæ сæ мидбылты худтысты. — Нырма бæлæстæ къуыбыр дæр куыпæ рафтыдтоп, уæд дидинæг кæм ссардтай? — Ирыстопы нал цæрæм æви? — Мæпмæ гæсгæ, фаропы ист къам у. — Цытæ дзурыс? Уæдæ-ма Мæздæгмæ ныууай! Мæздæджы, кæй зæгъын æй хъæуьт, уалдзæг раздæр ралæу- уы æмæ газеттæ дæр сæ уалдзыгон хабæрттæ Мæздæгæй рай- дайынц. — Хъазгае кодтон. Æмæ кæд уыдтæ Мæздæджы? — Знон. — Тауын нæма райдыдтон? — Знои бавиæлдтой. 35
— Æри-ма, æндæр-ма дæм цавæр къамтæ и? Ие ’ннæ къамты иу хай дæр мæ разы æрæвæрдта. Тауыны куыстыты тыххæй-ма дзы иу къам равзæрстон. Иæхимæ-ма цы къамтæ фæуагъта, уыдонмæ дæр ацамыдтон, æри сæ, зæгъ- гæ. — Уыдон афтæ дæтгæ не сты,— мæстæймарæгау сæ стылд- та Джеуæр. — Цæуыннæ? — Ницы змæлыс æмæ уымæн. — Куыд ницы змæлын? — Кæддæр дæм цы чызджы къам æрбахастон, уый-ма хъуыды кæныс? — Чындзæхсæвæй? — О. — Мæнæ амæй зæгъыс? — ме стъолы лагъзæй йæм чызджы къам фелвæстон. — Æз та йæ, зæгъын, кæд искуы баппæрстай. — Æндæр къамтæ-ма мын æрбахæссинаг куы уыдтæ... — Дæхæдæг дæр мын ницыуал загътай, æмæ мæнæй дæр ферох. Дысон ацы къамтæ куы кодтон, уæд сæм фæкомкоммæ дæн æмæ дын сæ æрбахастон. Мæ разы фæрсæй-фæрстæм цалдæр къамы æрæвæрдта. Уыцы чызг дзы ,кæм иунæгæй уыд, кæм — чындзы фарсмæ, кæм та — бирæ адæмимæ. Æргом дзургæйæ мæм ацы хатт рæсугъд фæкаст. — Æркæс-ма йæм, цы хуызæн чызг у, уымæ! — цыма чыз- джы рæсугъддзинадмæ йæхæдæг дæр исты бар дардта, уый хуызæн æппæлæгау дзырдта Джеуæр.—Дæ бынатьг йæ æндæр афопмæ раджы федтаид. — Йæ мыггаг дæр мын куынæ загътай, уæд æй куыд агуырд- тапн? — Тынг дæ куы фæндыдаид, уæд æй базыдтаис. — Зæгъ-ма мын æй, кæд æй зоныс, ,уæд? — Гагкаты чызг у. Йæ ном Тимæ. — Кæцы факультеты ахуыр кæны? Уыдæттæн ницы зонын, фæлæ тагъд каст кæй фæуыдзæн, уый дæ зæрдыл дар. Чын- дзæхсæвы йыл сылгоймагæй, нæлгоймагæй сæ цæст æрæвæрд- той. Усгур лæппу кæй хæдзары ис, уый ахæм заман хуымæтæ- джы кæстытæ нæ фæкæны. Дæ зæрдæмæ фæцæудзæн, æз дын зæгъын. Цыма мæ зæрдæмæ фæцæуынæй хъуыддаг арæзт уыдаид, уый хуызæн. Джеуæр куы ацыд, уæд та къамтæм ногæй кæсын райдыдтон. Кæд нæ рæдыдтæн, уæд мын Варикка дæр уыцы чызджы кой кодта. Йæ ном мын нæ загъта, фæлæ цыма йæ мыггаг Гагкатæй уыди... ’ Цалдæр боны фæстæ Вариккайыл мæ куысты дуармæ ам- бæлдтæн. Иæ худын та йемæ æрбахаста. ’ — Амæй размæ-иу дæ афæдзгæйттæ нæ федтон,— загъта Ва- рикка, ныр дыл мæлæты арæх æмбæлыи райдыдтон... 36
— Уым цыдæр уыдзæн. — Бæргæ куы дзы уаид, фæлæ... — Дæ ныхас дарддæр кæн. 1 — Хæстæг куынæ цæуыс. Уыцы чызг ирвæздзæн... — Иæ мыггаг кæмæй уыди, загътай? — Гаткатæй. Тимæ. Мæ къона фæкæна! Уый цы дзæбæх чызг у! — Иæ кой-ма мын чындæуыди. — Уымæй æвзæр ничи зæгъдзæн. — Хорз дзы загътой. уыдон дæр. — Уæдæ дын æз цытæ дзурын?! Кæд дæ фæнды, уæд’ æй æз нæхимæ æрбахондзынæн. Уымæн йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыдзæн, афтæмæй. Иунæг хатт æй куы фенис, уæд дын уый фæстæ дзурын нал хъæуид. — Цы мын нал хъæуид дзурын? — Фен-ма йæ, зæгъгæ... — Цæуыннæ? — Уымæн æмæ уæд дæхæдæг зилис мæ фæстæ, ноджыдæр- ма мы<н æй иу хатт фенын кæн, зæгъгæ. — Æцæг, æцæг? — Ард дын хæрын! Ме ’фсымæры бæрц дæ уарзын. — Зонын æй. — Мæ коммæ бакæс... Вариккайы ныхæстæ мæ сцымыдис кодтой. Иæ ныхæстæ мæ фыццаг хатт дæр уырныдтой, фæлæ мæм ныр тынгдæр бахъард- той. Ноджы-ма Джеуæры ног къамтæ куы федтон æмæ та мын уый дæр йæ кой куы ракодта, уæд мæхинымæр фидарæй скарс- тон, æнæ фенгæ йын нæй, зæгъгæ. — Хорз, æз дæ ссардзынæн... Уыцы ныхæстæ фехъусыны фæстæ Варикка дзæвгар фæ-* хъæлдзæгдæр! Цыма мын дарддæр ных&с кæнгæйæ æндæр хъуыдымæ æрцæуынæй фæтарст, уый хуызæн мæ ницæмæйуал бафарста æмæ фæцæуæг. Æз мæ бынаты лæугæйæ баззадтæн. Кæдæм цыдтæн, уый мæ куы ферох... Æрхъуыды йæ кодтон! Тамарæ мын афтæ зæгъы, дуканийы, дам, сылгоймаджы цырыхъытæ уæй кæнынц. Бæди йæ къахыл цы скæна, уый йын нал уыд æмæ йын дзы балхæнынмæ хъавыдтæн. Уый хæдразмæ сæ уæй кæнын рай- дыдтой æмæ дзы бирæ адæм нæма уыд. Сахаты æрдæгæй чы- сыл фылдæр алæууыдаин, афтæ мæ рад бахæццæ æмæ дзы иу фæлыст райстон. Дунетханæн дæр дзы балхæиынмæ хъавыд- тæн, фæлæ мæм æхца фаг нæ разынд. Мæ куыстмæ сæ æрба- хастон. Иучысыл искуыдæм куы ауайын, уæд мæ агурджытæ дæр сарæх вæййынц. Мæ фæстæмæ æрбацæуынмæ мæм цалдæрæй æнхъæлмæ кастысты. Чысыл ницæйы тыххæй дæр мæнмæ цæ- уынц. Уыцы хъуыддаг мæм æвзæр нæ кæсы. Адæймаг дызæр- дыг куынæ кæна, уæлдайдæр газеты кусæгг уæд, цы зона, уы- мæй бирæ фылдæр никуы базондзæн, стæй рæдигæ дæр арæх 37
кæндзæн. Нæ кусджытæй мæ истæмæй афæрсынмæ арæхдæр чи ’рбауайы, уыдон газеткæсджыты цæсты дæр къаддæр хæт- тыты бафтынц. Хорз цы нæ зонай, уый æнæсбæлвырдгæнгæйæ адæмы æхсæнмæ хæссæн нæй. Уый тыххæй газетты кусджыты æхсæн хорз æмæ зæрдылдаргæ фæтк ис: истæуыл дызæрдыг кæныс, уæд æй ахахх кæн. Цалдæр минутмæ мæ кусджытæй мæ уаты ничиуал аззад. Хуымæтæджы хъуыддæгты тыххæй æрбацыдысты æмæ фæстæ- мæ афтæ тагъд уымæн фæпырх сты. Фæстагмæ фæзынд Чермен. Стъолы уæлхъус кæм æрбадт, уым, æвæццæгæн, бæстон исты радзуринаг уыд æмæ йæм æз дæр мæхи хъусынмæ æрцæттæ кодтон. — Обкомæй Сабазджери дзырдта,— бæллæх æрцæуæгау фехъусын кодта Чермен.— Дæу агуырдта,— стæй та Викто- ры, фæлæ уый дæр кæдæмдæр ауад æмæ уæд мæнмæ фæдзырд- той телефонмæ. Æнæбайрайгæ дзы куыд ечынди! Сабазджери лæджы исты хорздзинады тыххæй бацагура, уый æнхъæл нæ уыдтæн æмæ рагацау мæхи æвзæр хабар фехъусынмæ æрцæттæ кодтон. — Цы мæ кодта? Рестораны арæзтады тыххæй æрмæг чи цæттæ кодта, уы- змæй фарста. — Æмæ дзы цы йæ зæрдæмæ нæ фæцыди? — Уый мын нæ загъта, фæлæ дæуæй-уый куыддæр фæзы- на, афтæ, дам-иу мæм сдзурæд. Бицко фельетоитæ арæх фыста æмæ йыл-иу уымæ гæсгæ цæфтæ дæр иннæтæй фылдæр уад.Азымджын йæхи азымджын кæм фæхоиы æмæ-иу ыл хъастгæпджытæ сарæх сты. Æппæты стырдæр аххос-иу кæмæ уыд, уый-иу йæ хъаст бахаста стыр- дæр хицаумæ. Стырдæр хицæуттæ та обкомы бадтысты æмæ-иу бирæ хæттыты зылыны быпаты баззад. Фельетоны кой-иу йæ ныммыхуыр кæньтны агъоммæ куы райхъуыст, уæд-иу хъастгæнджытæ архайдтой цырддæр æмæ хъæддыхдæрæй. Хабар-иу обкоммæ куы байхъуыст, уæд-иу фылдæр хæттыты йæ ныммыхуыр кæнынæй ницыуал рауад. "Иуахæмы та Бицко, бирæ цы æрмæджы фæстæ фæрахау-бахау кодта, уый обкоммæ схæццæ æмæ йæ Сабазджери мыхуыры уадзын нал бауагъта. Иæ ныффыссæг дæр уыцы æнæбонæй аф- тæ куы бакæнид: «Ацы обком-ма нæ куынæ хъыгдарид!» Обком æцæгæй дæр хъуыддагыл рæстырдæм никуы ба- цаудыдта. Алцыдæр-иу æмбæрстгонд цы ’рмæджы уыд, уый-иу сдзырддаг. Хъаугъайаг фарста алыг кæнынæй-иу сæхи иуфарс айстой. Æрмæг-пу сæхимæ фæдардтой, стæй-иу æй æрæджиау æрæрвыстой, боны рухс-иу никуыуал федта, афтæмæй/ Ие "’рмæг-иу кæмæп нал рацыд, уый-иу Бицкойы ныхæстæ æрымы- с,ыд, ацы обком-ма нæ куынæ хъыгдарид, зæгъгæ, æмæ-иу мæсты’ мидбылхудт йæ цæсгомыл фæзынд. Бицкойы ныхæстæ мæнæн дæр мæ зæрдыл æрлæууыдысты; фæлæ гæнæн нæ уыд æмæ Сабазджеримæ сдзырдтон. Йæ сек- 38
ретарь, чи дæй, уый куы базыдта, уæд мыл йæхи андзæрстаг «Абондæргъы дæумæ ’нхъæлмæ кæсы хицау. Ныртæккæ ам куыд æрбалæууай, афтæ!» Рестораны тыххæй æрмæг фæстаг номыры фæзынди. Иу хатт-ма йæ бакастæн æмæ дзы, къухбакæнæн цæмæ уыдаид, ахæмæй ницы ссардтон. Чермен та мæм æрбауад. — Сдзырдтай йæм? — О. Сиды мæм. — Æз дæр ацæуон? — Цæмæ дзы цæуыс ды та? — Мæн тыххæй дæм исты ныхас куы ’рхауа, уымæй тæр- ’СЫН. — Дæу тыххæй та мæм цæмæн æрхаудзæн? Иæ горæты цæрджыты уарзондæр фæлладуадзæн бынат — парчы аразып райдыдтой ресторан. Иæ тæккæ бæрæгастæу, цалдæруæладзыгон. Иу уæладзыг йеддæмæ дзы нæма сарæз- той, фæлæ рагацау дæр бæрæг уыдн, парчы фидауцыл æвзæ- рырдæм кæй фæзындзæн. Иу бон мæм Чермен æрбацыд æмæ мын уыцы арæзтады кой ракодта. Йæ ныхмæ, дам, куы радзу- риккам, уæд куыд уаид. Мæ зæрдæмæ фæцыди йæ хъуыды. Аивад æмæ, дам, литературæйы кусджытæ сæ къух кæм бавæ- рой, ахæм æрмæг бацæттæ кæндзынæн. Уый та мæм ноджы хуыздæр фæкаст. Гъе æмæ уыцы æрмæг газеты рацыд. Нæ го- рæты зындгонд адæймæгтæ радзырдтой рестораны арæзтады пыхмæ. Сабазджерийы та йæ тæккæ кусгæйæ баййæфтон. Йе стъо- лы рахизфарсырдыгæй газеттæ рагъамадæй лæууыдысты. Æп- пæты сæрæй — ногтæ, куыд дæлæмæ та — бынтон буртæ. Иæ къухы ставд сырх кърандас, афтæмæй йæ газет кæсгæ баййæф- тон. Мæ бацыд мын бафиппайдта, фæлæ уæддæр йæ цæстытæ хæрдмæ нæ систа. Æз ын барæй «дæ бон хорз!» дæр нæ загь- тон. Къæсæргæрон лæууыдтæн, æмæ æнхъæлмæ кастæн, кæд æй равдæлдзæн, уымæ. Æрæджиау, цыма ме ’рбацыд æцæгæй уæд бафиппайдта, уый хуызæн йæ кæсæндæстыты сæрты скаст. Салам мын нæ радта, æрмæст мын уыцы æцæгæлонхуызæй йæ къухæй æнæдзургæйæ бандонмæ, сбад, зæгъгæ, ацамыдта æмæ та дарддæр йæ -кæсын æмæ хæххытæ кæныны куыстмæ бав- нæлдта. Йе стъолы ныхмæ цы цыбыр стъол уыд, уый уæлхъус æрбадтæн æмæ, цы хæххытæ кæны, уымæ ’ркастæн. Нæ газет разынди. Иууылдæр æй сырх фестын кодта. Æнæ хаххæй дзы бирæ нал ныууагъта. Фæстаг рæнхъытыл сырх кърандас уагъд тсуы фæци, уæд йæ кæсæнцæстытæ систа æмæ сæ амонæн фæ- рæз ацаразгæйæ газетмæ бахаста: — Ацы æрмæг дыккаг хатт бакастæн æмæ мæ зæрдæмæ иæ ’фæцыди. — Цавæр æрмæг? — цыма ницы æмбарын, уый хуызæн сдзырдтон æз. —, Сымах газеты кой кæнын. Рестораны тыххæй чи ныф- фыста? 39
— Сæ къухтæ дзы чи бавæрдта, уыдон. — Æмæ сын æндæр куыст ницы уыди? — Дæ зæрдæмæ нæ цæуы? — Борнæф æй бакаст æмæ смæсты. — Раст нæу? — Æрмæджы бын йæ къухтæ чи бафыста, уьгдонæй цьшæ- Борнæфы тынгдæр хъæуы ресторан? Сабазджерийы ныхмæ дзурынæй кæй ницы пайда ис, уый хорз зыдтон æмæ æнхъæлмæ кастæн, мæхи мын дарддæр куыд даргæ уыдзæн, уымæ. — Ресторан адæмы тыххæй у, Борнæф дзы цьг кæны? — Дæуæн æмæ уый загъдæуа! — Дзæбæх лæппу дæ æмæ дыл ахæм сæйдтытæ ма цæуæд. Æрмæг ныммыхуыр кæнын æнцон у, фæлæ кæмæ куыд фæкæс- дзæн, уый хъуамæ дæ зæрдыл дарай. Уый Борнæфы хъуыдьг уыдис, сымах та йæ ныхмæ дзурут. — Уый æз нæ зыдтон... — Нæ йæ зыдтай æмæ дын æй æз дæр уымæн дзурын. Ацу æмæ кус. Æрмæст мæ ныхæстæ дæ зæрдыл дар. Фæстæмæ хъæлдзæгæй здæхтæн. Обкомы хайады хицауимæ бьщæу кæнын куы райдыдтаин, уæд æз дæр мæстджынæй ра- цыдаин, хъуыддагæн дæр ницы феххуыс уыдаин, Сабаздже- рийæн та йе знаг фестадаин. Чермен ме ’рцыдмæ йæхицæн бынат нал ардта. Куы ’рбацæй- цыдтæн, уæд мæ рудзынгæй ауыдта æмæ мæ фæстæ мæ кусæн уатмæ æрбахызт. . — Уыдтæ йæм? — О. — Цы дын загъта? — Цы мын загъта? Ницы! — Куыд ницы? — Æрмæг, дам, Борнæфы зæрдæмæ нæ фæцыд. — Цæуыннæ, дам? — Сабазджери цыма чысыл хъуаг у, афтæ кæсын дæр мæм райдыдта. Кæнæ та, æз йемæ куыд дзургæ у, уый базыдтол æмæ уымæн афтæ хъуыды кæнын. Йæ ныхмæ мацы дзур æмæ йемæ цыфæнды ныхас дæр сабырæй ахицæн уыдзæн. Иннæтæ сæхи раст кæныныл схæцынц æмæ фæстæмæ пихылæйттæ кал- гæ рацæуынц. Борнæф нæ, .фæлæ кæйфæнды зæрдæмæ дæр куынæ фæцыдаид уыцы æрмæг, уæддæр ыл нæ баууæндыдаин, уымæн æмæ раст нæ уыдаид. Парчы бæрæг астæу агуыридурæй бæрзонд галуан кæцырдæм фидауы? Æмæ ма хуымæтæджы агъуыст дæр куы уыдаид, фæлæ — ресторан. Расыггæнджытæй æнæуи дæр уынгты азмæлæн нæ уыди, уыдон та-ма сын тæккæ къæхты бын ресторан аразынмæ бавнæлдтой. Тынг хорз уыд, сæ ныхмæ кæй радзырдтам, уый. Æрмæг мыхуьгргонд æрцыд. Арæзтад адæмы цæсты бафтыдтам. Нæ размæ цы хæс уыд„ уый сæххæст кодтам. Сабазджери цыфæнды дзурæд. Фæстæмæ йæм иунæг ныхас дæр не скодтон. 40
— Тызмæг æм куысдзурай, æз дæр дын уымæй тарстæн,—* загъта Чермен, хъуыддаг афтæ кæй ахицæн, ууыл цин кæн- гæйæ. — Уыимæ афтæтæ дзурæн нæй. Уæд бæстæ йæ сæрыл сис- таид. Фæскуыст Бæдийы цырыхъытæ мемæ ахастон. Нæхимæ Ду- нетхан æмæ Зелимы баййæфтон. Зелимхан мæ куы ауыдта, уæд. къуыммæ йæхи уыцы æфсæрмхуызæй нылхъывта. — Мæнæ-ма Зелимы федтон! Рауай-ма мæ гæбойы дæ акæ^- нои! Йæ бынатæй куынæ змæлыди, уæд æм Дунетхан дзуры: — Марадз, Хъазыбег дæумæ дзуры. Не ’рбауæнддзæн, уый бамбæрстон, æмæ йæм мæхæдæг бацыдтæн, мæ сæрмæ йæ бæрзонд систон æмæ йæм бынæ№ уæлæмæ дзурын: —’ Мæнæ мæ хæрæфырт цæййас ссис! Зелимхан дзургæ ницы скодта, фæлæ худын райдыдта. — Уæхимæ дæр афтæ уæздан вæййыс? — О, вæййы! — йæ бæсты дзуапп радта Дунетхан. — Иннæ хатт-ма мын мæнæ афтæ,— мæ хъæбысы ныккод- тон Зелимханы,— куынæ агæбо кæнай, уæд мын цы ’нхъæл дæГ Зелимханы зæххыл æрæвæрдтон æмæ Бæдимæ дзурын: — Цырыхъытæ дын балхæдтон, нæма сæ федтай? — Кæм сты? — Дæлæ æрбахизæны. Бæди, цырыхъытæ цы къоппы уыдысты, уый халынмæ фæци. — Кæм сæ балхæдтай?. — Дуканийы, æндæр кæм? Бæззынц дын? у — Тынг хорз сты. — Дæ зæрдæмæ цæуынц? — Куыннæ цæуынц?! — Мæнæн цæуыннæ балхæдтай? — бауайдзæф мын кодта." Дунетхан. — Ды æндæр мыггагæй дæ. — Цæмæн дæн æндæр мыггагæй? — Тынг раст дын зæгъы! — мæ фарс рахæцыд Бæди. — Ахæм «раст» дæ фæуыдзæн, æмæ диссаг! Цыма æз дæч хо нæ дæн, афтæ мæ алы хатт дæр ферох кæныс!.. Югославийы- куы уыдтæ, уæд дæр Бæдийæн алцыдæр æрбаластай, мæнæн: та — гыццыл цыдæртæ. — Дæуæн чи ’лхæна, уый ис. — Ис мын, о! ’ — Уыдæттæ дæр хорз сты, фæлæ уæм цы хабæрттæ ис> — Махмæ? — афарста мæ Дунетхан.— Цæй хабæрттæ нæм’ ис? — Мухарбег махмæ цæуыннæ цæуы? Æви йæ нæ фæхоныс?" — Уый бынатæй фезмæлын кæнын зын.у. Ардæм нæ, фæлæ* сæхи хагстæджытæм дæр нæ цæуы. 41
— Уæдæ сæхимæ адæм бон-сауйзæрмæ дыууæрдæм куЫ кæ- ныиц. — Уазæгджын хæдзар сты тынг. Хæлæрттæ сын бирæ ис*. — Æфсинимæ та куыд цæрыс? — Куыд хъуамæ цæрон? — Фæстæмæ йæм никуьг сдзурыс? — Уæдæ! Фæстæмæты йедды йæм бæргæ нæ дзурын. — Цыма цæмæйдæр рахъаст кæнынмæ хъавыс, афтæ мæм кæсы. — Ницæмæй хъаст кæнын. — Уыдон«дæр дæ ницæмæй хъаст кæнынц? — Цытæ дзурыс? Чи сæм æрбацæуы, уый фыццаг мæн агурынмæ фæвæййы. Иæ цæст мыл куынæ ’рхæцы, уæд, Дунет- хан кæм ис, зæгъгæ, фæкæпы. Чи мæ дзы ауыны, уый мæ, лæг уа — ус уа, йæ хъæбысы ныккæны. — Хæрзаг дæ йæ хъæбысы чи акæны, уымæй галы бузныг фæвæййыс! — Æмæ цы! Æз уæздандзинæдтæ уарзын. Кæсыс? — Уыцы «кæсыс» æмæ ды,— фæзылди йæм Бæди. Дунетхан йæ кæддæры хъазæн митæ, æвæццæгæн, никуы иыууадздзæн. — Уæ мыггаджы зæронд лæгты цур дæр «кæсыс»-тæ фæ- кæныс? — бафарстон æй æз. — Уæдæ куыд æнхъæлдтай! Кæс-сы-с? — Дæлæ нæ хъæугæрон цы гыццыл зæронд ус цард, уый-ма •хъуыды кæныс? — бафарстон Дунетханы. — Гæгкæйы? — О. — Цал азы йыл цыди, уый зоныс? Мæнмæ гæсгæ цыппа- рыссæдз азæй фылдæр. — Æз дæр æй хъуыды кæнын,— сдзырдта Бæди.— Æгас нал — Иæ чызг, дам, æй рæбыны хъæутæй кæцыдæрмæ йæхимæ акодта æмæ йæ уæдæй нырмæ пикуыуал федтон. — Цæмæ йæ æрымысыдтæ? — хин каст мæм æрбакодта Ду- ’нетхан. — Куы базæронд уай, уæд Гæгкæйæ дæлвæд-уæлвæд нæ уыдзынæ. — Æмæ цы? — Уыцы карæиæй дæр-ма «кæсыс»-тæ дзурдзынæ? — Уæдæ куыд загътай? Дуиетхан Бæдийæ бирæ ныллæгдæрæй баззад. Йæхæдæг дæр афтæ фæзæгъы, стæй, чи зоны, раст дæр вæййы, мæн, дам, ^фыргуыст сырæзын нал бауагъта. Гæгкæйы кой кæй ракодтон, уый йæ йæхимæ хъусыныл фæкодта. Ныхас æндæрырдæм азда- хынвæнд скодтон. » — Гæгкæ йæхæдæг гыццыл уыди, уымæ йын ма кæсут. Иæ дот йæхицæй дыууæ хатты даргъдæртæ уыдысты. Дыууæ чыз- ,.джы æмæ .йын иу лæппу ис. 42
— Уæдæ иунæгæй цæмæн царди? — бафарста мæ Дунетхан. — Иæ фырт Цæгаты службæ кæны. Афицер у. Иæ чызджы- тæ та чындзы ^ацыдысты. Иæ фырт æм цалдæр хатты ласынмæ ссыди, фæлæ йын никуы акуымдта. Бынтон куы æрзæронд ис, уæд æй йæ кæстæр чызг акодта. — Сæ хæдзар та цы фæци?.— бафарста Бæди. — Мæнмæ гæсгæ æхгæдæй лæууы. Чи зоны, уæй дæр æй акæниккой. — Æлхæнын æй дæ зæрды ис? — бафарста мæ Дунетхан. — Æвзæр нæ уаид, исты зæххы гæппæлыл-ма куы фæхæст уаиккам, уæд. — Нæхи зæхх уæй акодтам, искæй зæхх та æлхæнгæ кæн- дзыстæм? — Бæдийы зæрдæмæ мæ ныхæстæ нæ фæцыдысты.— Нæхи хæдзар-ма нæ къухы куы бафтид, æндæр искæй хæ- дзарæй цы кæнын?Г — Айфыццаг цытæ дзырдтам, уыдон дæр нал цæуынц дæ зæрдæмæ? — бафарстон Бæдийы. — Цæуыл дзырдтат? — æрбакасти мæм Дунетхаи. — Нæхи хæдзар цæмæй фæстæмæ нæ къухы бафта, уый тыххæй, зæгъын, æндæр ран зæхх ссарæм, хæдзар дзы саразæм æмæ йæ Боцитæй баивæм. — Хæдзар аразын æнцон хоныс? — мæгуыр хъæлæсæй сдзырдта Дунетхан.— Уæлæ махуæттæ сæ кæрты дыууæ къуы- мы кæдæй нырмæ аразынц, æмæ сын ныр дæр нæма фæцн. — Куынæ йæ аразай, уæд куыд хъуамæ фæуа! — Аразынц æй бæргæ... — Таучелаты чызджытæн аразын фыдæй баззад,— дзыц- цайы ныхæстæ мæ зæрдыл æрлæууыдысты. — Цæмæн? — бафарста мæ Бæди. — Нæ сиæхстæ ницы рыг фæкалынц æмæ уымæн. — Уе ’ннæ сиæхстæн нæ зонын, фæлæ дзы сымахмæ чи *рхаудта, уымæй уæхицæн мацы ныфсытæ æвæрут. — Дунетхан, дæуæр дæр Мухарбеджы фыдгой кæнын йед- дæмæ мацы ратт. Мойы ныхмæ дзурынæй ус рæзгæ куы кæнид, уæд зæххыл дæуæй бæрзонддæр сылгоймаг нæ уаид. — Цьт у, уый зæгъын. Дæуæй-ма хъæдынкъухдæр та уый у. Иæ ныхмæ дзурын дæр уымæн нæ фæуадзыс. — Æз æм цæмæдæриддæр баулæфын, уым мæ фарсмæ æнæ ’рбалæугæ никуыма фæци. Хæдæгай, абоп иын зæххы хæйттæ лæвæрдтой... — Æмæ? — æм’фарст мæ акодтой Бæди æмæ Дупетхан. — Кæй, дам, хъæуы, уыдон курдиæттæ æрбадæттæнт. — Æмæ балæвæрдтай? — сцымыдис Бæди. — Цы дзы аразын цæхæрадонæй горæты? — Æдылы ма у, райс æй. — Чи мын æй кусдзæн? — Мах æй кусдзыстæм! — Дунетханмæ ацамонгæйæ сдзы- рдта Бæди. 43
— Кæцы ран уын дæттынц? — сæйрагдæр фæрстытæй мæм< иу радта Дунетхан. — Иæ ран мæ зæрдæмæ бæргæ фæцыди. — Уыдтæ дзы? — О. Трамвайы йæм дæс минуты цыд йеддæмæ нæу. Фис- тæгæй дæр ма йæм иу уый бæрц бауайын хъæуы. Горæты цæ- гатфарс. Терчы сæрты хиды бакомкоммæ. — Уый замманай ран куы у. Райсын æй хъæуы. Бæдийьг загъдау, иумæ йæ кусдзыстæм. Мæлæты дынджыр зæххытæ куьг нæ дæттынц. — Гектары æхсæз сæдæймаг хæйттæ. Уый дæм гыццыл кæ- сы? — Нæ цæхæрадон уымæй æхсæз хатты стырдæр куы уыди* æмæ йæ куы куьгстам, уæд уый скъахын нæ бафæраздзыстæм? Ма йæ ныууадз, фæрæдидзынæ. — Боцийы фырт та кæм кусы? — бынтон æнæнхъæлæджы фарст мæм радта Бæди. — Ам вæййы,— дзуапп ын радтон æз.— Кæмдæр, дам, фа~ теры цæры. Цæмæн дæ бахъуыд? — Кæд уыцы зæххытæ кæм дæттынц, уый хæстæг у, уæд дзы хæдзæрттæ нæ араздзысты? — Фарон чи райста, уыдонæй дзы чидæртæ ныридæгæн сарæзтой. Стæй куыд дзурынц, афтæмæй дзы цæргæ дæр кæн- дзысты. — Дæуæн æмæ уый загъдæуа: мах дæр дзы сараздзыстæм’ æмæ, чи зоны, искуы ахæм рæстæг ралæууа, æмæ йæ хъæуæйг горæтмæ цæуынмæ чи хъава, уыдонимæ баивæм. Хъæуы ньпг хæдзар куы уа, уæд нæхи хæдзармæ дæр фæхæстæгдæр уыдзы- стæм... Бæдийы ныхæстæ мæ хъуыдытыл бафтыдтой. Адæймаг кæм-. фæнды куы цæра, уæддæр зæххимæ баст у. Кæй зæгъын æйг хъæуы, фæндзæм уæладзыджы куы цæра, уæд зæхмæ ауыгъд адæймаджы хуызæн бынмæ кæсы. Фæлæ цæхæрадон кæмæн ис, уыдоны уавæр æндæрхуызон у. Зæхмæ арæхдæр æфтынц, стæйг зæхх хæзнатæн се ’ппæтæй дæр зынаргъдæр у. Æнæ сызгъæ- рин, æнæ æхцайæ фæцæрæн ис, фæлæ зæххыл цы зайы, æнæ уыдонæй фæцæрæн нæй. Цыфæндыйæ дæр ис мæгуыры хос нæу. Æнæ кургæйæ мын цы дæттынц, ууыл мæ къух кæй фæ- цæйистон, уый мæм хардзау æркаст. Бæди мæнæй зондджын- дæр кæй уыд, уый ма мæ ноджыдæр иу хатт бауырныдта. — Кæд нæма байрæджы, уæд курдиат бадæтт,— йæ фæн- дыл фидарæй лæууыд Бæди. ’ — Райсом ныффысдзынæн... — Райс æй, райс,— Бæдиимæ йæ иузæрдиондзинад æвдьг- ста Дунетхан.— Сиахс дын кæй ис, уый дæр дæ зæрдыл дар. Дæхæдæг куы зæгъыс, мæ фарсмæ æрбалæууы, зæгъгæ. Цæхæ- радон нæ, фæлæ дæ йæ сæр кæм бахъæуа, уым йæхи дард нæ аласдзæн... — Сразы мæ кодтат... 44
VIII. Иуæй-иу хабæрттæ мæм афтæ æрæджиау æрбахæццæ вæй- йынц æмæ кæд мæхинымæр дис кæнын нæ байдайын. Бон- сауизæрмæ кæимæ фæкусын, уыдон цы гæнæг сты, уый мæ алы- фарс адæм хуыздæр фæзонынц. Чермены чындзæхсæвы хабар дæр цыппæрæм уæладзыджы фехъуыстои. Редактор мæ æнæн- хъæлæджы афарста: — Чермен хуыцаубоны куры ус? — Кæй Чермен? — Дæ кусæг? — Фыццаг хатт æй дæуæй хъусын. — Хуыцаубоны, дам, куры уæдæ. 'Æргом зæгъгæйæ мын уыцы хабар æндæр искæмæй хъусын лъыг уыди æмæ, Черменыл куы амбæлдтæн, уæд-ын аивæй бауайдзæф кодтон: — Сусæгæй хъуыддаг чи бакодта, уыдонæй амондджыидæр чи фæци, уый æмбал æй Хуыцау фæкæнæд! Чермен къæмдзæстыг лæуд кодта. — Мæнæн æй куы загътаис, уæд дæр ницы кодтаид. — Æфсæрмы кодтон... — Ау, ус курынæй куынæ ’фсæрмы кæныс, уæд «ус курын» зæгъынæй æфсæрмы кæныс? — Дæ хæстæг у... — Мæ хæстæг? — О. Иæ мад сымах хæрæфырт у... — Уый та ноджы хуыздæр. Ме ’мкусæг ус куры æмæ йæ цалын- мæ мæхæдæг бафарстон, уæдмæ йæ дзыхæй иу ныхас не схауд. Уый мын фаг нæ уыд, фæлæ-ма мæ хæрæфырт йæ чызджы дæтты æмæ уымæй дæр рохуаты баззадтæн. — Махæй нæ уыдтæ рох. — Ацы хуыцаубон уыдзæн, зæгъыс? — О. — Æмæ истæмæйты рæвдз дæ? Дæхи дæр мæ куы никуы ракуырдтай. — Нырма æнæхъæн къуыри ис. Дæхæдæг фæразæй дæ, æн- дæр дын абон зæгъинаг уыдтæн. — Нæ кусджытæн æй фехъусын кодтай? — Иууылдæр æй зонынц. — Истæмæй дæм фæкæсын куы хъæуа, уæд æфсæрмы ма бакæн. Уæхи хъæуккаг у, зæгъыс? — О. — Уæдæ дæ уæд автобустæ-йеддæ нæ хъæудзæн? — Нæхи кусджыты чи аласа, ахæм, иннæтæ мæхæдæг ссар- .дзынæн. — Уæдæ ууыл ма тыхс. Ме ’рдхорд машинæты хицау у .æмæ дзы райсдзынæн. — Æрмæст-иу се ’ппæт дæр рацæуæнт. — Уымæ дæ зæрдæ ма ’хсайæд. Кæдæй-уæдæй кæимæ ку- 45
сын, уыдонæй чидæр амондджын хъуыддаг ка-:ны. — Дыууæйæ фæстæмæ се ’ппæтæн дæр бинонтæ куы ис... — Уыдон мæ размæ бакодтой хъуыддæгтæ. Стæй æз тынг- дæр мæ раздæры куысты кой кæнын. Иуæндæс азæй дзы фыл- дæр фæкуыстоп æмæ дзы иу’ чындзæхсæв, иу чызгæрвыст никуы уыди. Æз æй хъазгæйæ мæрдты бæстæ хуыдтон. — Мæрдты бæстæ? — О. Фыццаг хатт æй кæмæн загътон, уыдон дæр дæу хуы- зæн дис кодтой. Æмæ сын уæд æз дæр хъарæджы ныхæстæ рафæзмыдтоп: «Мæ бон дын куыд бакалд, чызг чындзы кæм нæ нæуы, лæппу ус кæм нæ ^куры, уыцы бæстæмæ дæ куы фæ- хæссынц!..» Æмæ, зæгъын, нæ редакци дæр раст ахæм бæстæ у. — Æцæгæй дæр афтæ уыди? — Æз дын цытæ дзурын! Иуæндæс азмæ дзы лæппу ус пæ ракуырдта, чызг чыидзы пæ ацыди. Афтæмæй дзы фæсивæд дæр уыди. Мыхуыргæнджытæй дзы ахæм хæрзхъæд чызджытæ куыста æмæ иууылдæр æнæкуырдæй баззадыстьь Лæппутæйг уырдæм кусынмæ бацæуыны размæ ус чи ракуырдта, уыдонæй фæстæмæ иннæтæ зæропд кæнынц. — Уæдæ дзы ды хорз афон раирвæзтæ,— йæ мидбылты ба- Худт Чермен. — Нæ зонын. Дыккаг аз куеын сымахимæ дæр, фæлæ куыд кæсын, афтæмæй уæ уæхицæй мæнмæ нæ равдæлдзæн. Чермен йæ мидбылты бахудт. — Æви ацы хъуыддаджы лæг йæхæдæг куымæ уа, уæд ын пичи баххуыс кæпдзæн? Цæй, уыдон хъазæн ныхæстæ сты. Дæ хабæрттæ кæн. Истæуыл куы тыхсай, уæд-иу æй зæгъ. Рог ма- шинæйæ та куыд дæ? — Зæгъынмæ дын хъавыдтæн, фæлæ... — Хъæуы’ дæ нæ машинæ, уæд зæгъ, æндæр цы ’фсæрмы кæныс? — Мыййаг-ма куы бахъæуа... — Руслан ам уыдзæн. Хуыцаубоны нæ, фæлæ уымæй раз- мæ дæр. Уæдæ машииæ цæмæн у? Хуыцаубопы дæс сахатмæ ныхасгонд уыдыстæм. Иуæпдæс сахатмæ кæй æрæмбырд стæм, уый-ма æгæр хорз дæр уыди. Чермены хъæумæ иу сахатæй фылдæр цæуыи хъуыд æмæ афо- ныл ныххæццæ уыдзыстæм. Уæддæр та хъæуы уавæрты алцыдæр æпцондæр кæнæн у. Адæм кæрæдзийы зопынц æмæ иу биионтау æрбамбырд вæй- йынц. Хъуыддæгтæ иууылдæр сæхимæ райсынц. Кусæрттаг æп- цондæрæй ссарынц, фынгтæ кæм æвæрой, уый сагъæс сæ нæ вæййы, æгъдау дæтджытæн амонын ницы фæхъæуы, чындзхæс- джытæ æмæ хуындзæуттæ дæр мидхъæуы разыны. Черменæн-ма йæ мад æмæ йæ фыд уыцы сæрæн уыдысты: Горæтæй уазджытæ æрцыд, зæгъгæ, сæм куы байхъуыст, уæд се ’ннæ хабæрттæ иыууагътой æмæ нæ размæ -рацыдьгсты. Æх- срзгон сын уыд, сæ фырты фæдыл уыйбæрц адæм кæй сызмæ- лыд, уып. 46
— Фæсаууонмæ дæ зонын,—чи дæн, уый йын куы баца-- мыдтой, уæд мын загъта Чермены фыд.—Лæппуимæ нæм дæ кой арæх рауайы. Бузныг дæ стæм æпæхъæн бинонтæй дæр. Хион цæстæй йæм ракастæ æмæ арфæгонд фæу. — Хорз лæппу схъомыл кодтат. Бузныг зæгъын сымахæн æмбæлы. — Иæхицæй аразгæ уыдзæн йæ хорз дæр æмæ йе ’взæр дæр. — Æз дын, æргом дзургæйæ, хистæр æнхъæл уыдтæн. Но- джы мын Чермен, скъолайы дыууиссæдз азы бакуыстай, зæгъ- гæ, куы загъта, уæд дæ фæсаууонмæ зæронд хуыдтон. — Зæронд мæ фыд куьшæма у. — Дæ фыд дæр-ма æгас у? — Табу Хуыцауæн. — Демæ цæры уый дæр? — Мемæ. ,Мæ мад дыууæ азы размæ амард æмæ уæдæй пырмæ фæцудыдта, æндæр ыи бæргæ пицы уыд. Дæ фарн би- рæ уæд, мæ хистæр фырт мын æй ласынмæ хъавыди, фæлæ йæ нæ бауагътон. — Ацы хъæуы цæры уый дæр? — О, Уæртæ фаллаг сыхы. Уым ын хæдзар сарæзтон. Би- ноптæ йын æрхастон. Фыры хъулы хуызæн дыууæ лæппуйы йын нс. Амондджын адæмтæ куыниæ ис, æвæдза! Иу хæдзарвæнда- джы уал фæлтæры минæвæрттæ æрæмбырд уæнт! — Дæ фыртмæ ацæуын йæхи нæ бафæндыди? — Иæхи куы фæндыдаид, уæддæр æй æз уагътон! Мæ хæ- дзар æнæ уымæй хасты хуызæн куы уыдаид. Кæрæдзиуыл ахуыр стæм æмæ æнæуи дæр æнæ мæн нæ бафæрæзтаид. Мæнæн æдзухдæр хистæртимæ мæ хъуыддæгтæ хуыздæр фæцæуынц. Уыдоны ’хсæп мæхи сæрибардæр фенкъарын. Но- джы-ма мæхимæ иу ахæм мипиуæг раиртæстон. Адæм се ’ипæт цин куы фæкæнынц, уæд æз та мæхимæ хъусыныл фæвæййын. Чермены чындзæхсæвы дæр здæмы хъæлæбанæ тыхсыи рапдыд- тон. Иууылдæр хъæлдзæг сты æмæ сын бамбарæн ис. Фæлæ адæм, иухуызон хъæлдзæг куыд хъуамæ уой, уый мæнмæ дис- саг фæкæсы. Чермены фыд мæ йæ фыдмæ куы фæцæйхуыдта, уæд мæ зæрдыл зæронд хабар æрлæууыд. Хъæуы уынгты, дам, уазæг сцæйцыд æмæ иу хæдзары дуармæ зæронд лæджы кæугæ сæй- йæфта. Уазæг æрлæууыди æмæ йæ фæрсы: «Цæуыл кæуыс?» «Мæ фыд мæ фæпадта». «Цæмæн?» «Йæ фыдмæ йын фæстæмæ кæй сдзырдтон, уый тыххæй». Уыйау мæн дæр, йæ фырты фырттæ фыры хъулы хуызæттæ кæмæн сты, уый мæ йæ фыдимæ зонгæ кæиынмæ фæцæйхуыдта. Кæрты рæбыноз цы сæрдыгон хæдзар уыд, уырдæм бапы- дыстæм. Зæронд лæджы дзы дивапыл бадгæ баййæфтам. Иу 47
’фондз азы кæуыл цыдаид, ахæм лæтшу стъолы бын йæ маши- нæимæ цыдæртæ архайдта. — Баба, куыд æнкъардæй бадыс? — сдзырдта йæм фырт. — Дæлæ мæ уыцы лæг æнкъард кæнын нæ уадзы,— йæ къæдз лæдзæгæй стъолы бынмæ ацамонгæйæ загъта зæронд :лæг. — Мæнæ дæм горæтаг уазæджы æрбахуыдтон,— загъта 'Чермены фыд.— Лæпнуимæ иумæ кусынц. Куы базонгæ уаик- .кат, уый йæ фæнды. — Æмæ цы кæны, цы? Алы бон æгас нæм æрцу,— за’гъта гзæронд лæг æмæ йæ бынатæй сцæйстад. — Дæ Хуыцауы хатыр бакæн æмæ ма сыст,— бауадтæн æм .æмæ йын мæ армыт,ъæпæнæй йе уæхскыл æрхæцыдтæн. — Мæнæ мæ фарсмæ æрбад уæдæ,— диванмæ мын аца- -мыдта. Уæдмæ иу лæппу æрбауад æмæ Чермены фыдæн фехъусын кодта,. агурынц дæ, зæгъгæ. Уый хатыр ракуырдта æмæ мах зæронд лæгимæ баззадыстæм. Иæ сæрыл цы урс нымæтхуд уыд, уый хорз фидыдта урс рихитæ æмæ цурчы хуызæн цыргъ зачъеимæ. Уыдис ын ирд цъæх цæстытæ æмæ сойæ сæрстау чи .æрттывта, ахæм цардхуыз сырх рустæ. — Æгайтма сæмбæлдыстут. Уазæг Хуыцауы уазæг ,уыди •раджы дæр æмæ уæ Хуыцауы хорзæх уæд! Чермены фыд мын куыд. радзырдта, афтæмæй йæ фыд бирæ яргъæуттæ æмæ таурæгътæ зоны. Иæ рæстæджы, дам, дзы Да- Ло — журналы фæстæ газеты йæ романæй скъуыддзæгтæ кæ- мæн фæмыхуыр кодтам, уыцы Дадо сæ хъæуккаг у — бирæ ха- бæрттæ ныффыста, Мыхуыры дæр, дам, дзы цыдæртæ рацыд. ;Мæн дæр йемæ аныхæстæ кæнын уымæн бафæндыд. — Бирæ аргъæуттæ æмæ таурæгътæ зоныс, зæгъгæ, мын ’радзырдтой. — Зыдтон бæргæ цыдæртæ,— цыма кæуылдæр йæ зæрдæ -худы, уый хуызæн сдзырдта зæронд лæг,— фæлæ базæронд ,дæн æмæ мæ аргъау дæр никæйуал хъæуы æмæ мæ таурæгъ дæр. Æрмæст-ма далæ ахæмтæм кæсгæйæ — йæ лæдзæгæй та, лæппу кæм хъазыд, уыцырдæм ацамыдта,— чысыл мæ зæрдæ барухс вæййы, æндæр мæ ацы зæххимæ ницыуал бæттæг ис. Фыдæлты ныхæстæ адæймаг раст куыннæ хона, кæд дзы аппл- ринаг ницы ис æмæ зондæй се ’дзаг сты, уæд? Зæронд лæджы цæсгом фæрухс, йæ рихиты бын бахудызмул кодта æмæ дзурын райдыдта: — Нæ фыдæлтæй иу ахæм таурæгъ хъусгæ æрцыдтæн. Хуы- цау, арв æмæ зæхх куы сфæлдыста, адæм æмæ сырдтæ куы равзæрдысты, уæд хъуыды кæныи райдыдта, кæмæн дзы цас цæрæнбон радта, ууыл. Бæлвырд уынаффæмæ æрцæуыны фæс- тæ зæдтæм фæсидти æмæ сын йæ хъуыды бамбарын кодта, Уыдон зилын райдыдтой æмæ алкæмæн дæр, чи цас фæцæр- дзæн, уый хъусын кодтой. Æппæты фыццаг бацыдысты адæй- магмæ æмæ йын загътой: 48
— Хуыцауы уынаффæмæ гæсгæ цæрдзынæ дыууиссæдз азы. Гыццыл фæкасти уыцы рæстæг адæймагмæ æмæ йæ хъæлæ- сы дзаг ныккуыдта, фæфылдæр мын æй кæнут, зæгъгæ. Зæдтæдарддæр ацыдысты æмæ иу афон Хæрæгмæ бахæццæ сты. Загътой йын, Хуыцау ын дыууиссæдз азы цæрæнбон кæй саюкаг кодта. Бирæ фæкасти уыцы рæстæг Хæрæгмæ æмæ «ио- ио!», зæгъгæ, нырдиаг кодта: — Нæ мæ фæнды Хæрæджы цардæй уыйбæрц цæрын, ссæдз мын дзы аппарут! Ацыдысты уырдыгæй зæдтæ æмæ Куыдзмæ бахæццæ сты. Загътой та уымæн дæр, Хуыцау дын дыууиссæдз азы цæрæн- бон радта, зæгъгæ. Æгæр бирæ фæкастысты дыууиссæдз азы Куыдзмæ дæр æмæ йæ ниуын арвыл æмбæлди: — Нæ мæ фæнды дыууиссæдз азы Куыдзы цардæй цæрын! Ссæдз мын дзы аппарут!.. Ацыдысты зæдтæ уырдыгæй æмæ бахæццæ сты Маймули- мæ. Загътой та уымæн дæр, Хуыцау дын дыууиссæдз азы цæ- рæнбон радта, зæгъгæ. Бынтон æмбисоид та уый фæцис: — Дыууиссæдз азы бæлæстыл куы фæрахау-бахау кæнон, уæд мæ уыцы цард цæмæн хъæуы, ссæдз мын дзы аппарут! Фæстæмæ раздæхтысты зæдтæ æмæ бацыдысты, Хуыцау йæ фæллад кæм уагъта, уырдæм æмæ йын хабæрттæ радзырдтой. Уый сæм фæхъуыста, стæй загъта: — Æххæетгонд æрцæуæд се ’ппæты фæндон дæр. Хæрæг, Куыдз æмæ Маймулийы цæрæнбонтæ фæйнæ ссæдз азы фæ- къаддæр кæнут æмæ сæ адæймагæн радтут. Уæдæй фæстæмæ, дам, адæймаг фондзыссæдз азы цæрын райдыдта, æрмæст, дам, дзы адæймаджы цардæй фæцæры дыу- уиссæдз азы, уый фæстæ ссæдз азы хæрæджы цардæй цæрын- мæ рахизы, уымæн æмæ йæ йæ даринæгтæй йæхимæ пал фев- дæлы, йæ хъарутæ æмæ йæ тыхтæ уыдоны сæрыл æрхæссы. Уый фæстæ ссæдз азы та куыдзы цардæй пæрын райдайщ, фæс- къуыммæ йæ раппарынц, бинонтæй никæйуал фæхъæуы. Фæс- таг ссæдз азы та йæ маймулийы цармы батыхтæуы. Иæ дзыхы дæндаг нал баззайы, хынджылæг дзы байдайынц. Фæцнс йæ ныхас зæронд лæг. Иæ лæдзæгæй зæхх цалдæр рог цæфы æркодта æмæ-ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Ахæм хабæрттæ, гъе! Адæймагæн цард зынаргъ у æмæ суанг Куыдз, Хæрæг æмæ Маймулийы цардæй цæрыныл дæр разы у. Хуыцау ын йæ фæидоныл дæр дыууæ уымæн нæ’ загъта. — Фыццаг хатт фехъуыстоп ахæм таурæгъ. * —■ Мæ фыдыфыд æхсæз æмæ авдыссæдз азы фæцард æмæ мып æй уый дзырдта. Уымæн та йæ чи дзырдта, Хуыцау ’йæ зонæг. Хохы-ма куы цардыстæм — хæсты размæ уыди уый — уæд нæм ахуыргæндтæ цалдæрæй æрбацыдысты, нæхи Дадойы- ма дзы хъуыды кæнын,лннæты нæмттæ мæ ферох сты æмæ йæ уыдонæн дæр радзырдтон. Таурæгътæ æмбырд кодтой æмæ сын æндæр хабæрттæ дæр фæкодтон. 4 Мах дуг № -2 49
Зæронд лæгимæ-ма мæ абадын бæргæ фæндыд, фæлæ мæм *' агурæг æрбацыдысты æмæ йын хæрзбон загътон. 5 Нæ кусджыты буцдæрæн сæрмагонд фынджы уæлхъус сба- : дыи кодтой. Хистæр, æгъдау куыд амоны, афтæмæй фысымтæн сæхицæй уыди. Тынг диссаджы дзырдарæхст разынди. Иу сид- тæй иннæ рæсугъддæр уагъта. Зарыди. Усгуры кадæн сæрма- гондæй систа «Чермены зарæг». Нæхимæ ^куы рацæйцыдыстæм, уæд мæ дохтырыл амбæлд- тæн, Бимболаты зианы тынгдæр куы фæрынчын дæн, уæд мæ- чи дзæбæх кодта, уыцы дохтырыл. Кæрты хионы зылдтытæ- кодта. Куы мæ ауыдта, уæд мæм æрбауади: — Абондæргъы дæу хъахъæнын æмæ дыл марадз-зæгъай„ кæд ныхасмæ фæхæст дæн. — Ды та ам цы кусыс? — Мæ хæрæфырт у Чермен. — Уæдæ мах та иумæ кусæм. — Загътой мын æй. Дзæбæхæй фæкусут иумæ, дзæбæхæй!1 Тынг æхсызгон мын у дæ уынд. Куыд у де ’нæниздзинад? — Ницыуал мын у! Дæ ныхасмæ байхъуыстон. Фарон аца-. фон Хъырыммæ ацыдтæн. Ды мын куыд загътай, афтæ — йæ- Хуссайраг былгæронмæ, уырдыгæй куы сыздæхтæн, уæд-ма Цъæйы дæр дыууæ къуырийы фæдæн. — Хорз бакодтай. Æрмæст уый æгъгъæд нæу. Хъырыммæ дæ фæд-фæдыл иу æртæ азы ацæуын хъæуы. — Уæдæ йæ æз æгъгъæдыл куы банымадтон. — Нæу æгъгъæд. Ацы аз дæр ацу, стæй иннæ аз дæр. Ден- джыз хорз у Хъырымы хуримæ. Мæ дохтыры ныхæстæ мæ сагъæсы бафтыдтой. Иу хатт кæй- дæр путевкæйæ ацыдтæн, фæлæ дыккаг æмæ æртыккаг хагт та? — Æви путевкæйыл тыхсыс?—,мæ хъуыдытæ бамбарæгау мæ бафарста мæ дохтыр. — Бафæлварын хъæудзæн ссарыныл. — Абон цы чындз æрхастам, уый мады хо профцæдисты кусы æмæ æз йемæ аныхас кæндзынæн. — Уæ чындзæн йæ мад æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ мады хо дæр, нæ хæрæфырттæ сты. — Хъазгæ кæныс? — Нæ кæнын. Æрмæст сæ æз нæма зонын. — Уæдæ дын æй чи загъта? — Чермен. Ацы хъæуы нын хæрæфырттæ ис, уый мын ног- дзинад уыдис. Фарон кæм уыдтæн, уырдæм-ма путевкæ ссарын мæ къухы куы бафтид, уæд 0æргæ хорз уаид. Къуырисæры мæ куыст Фысджыты цæдисæй райдыдтои. Тыргъты Дадоимæ баиу стæм. Цæмæ ’рбацыдтæн, уый куы ба- зыдта, уæд мын афтæ: — Ирыстоны Литфонды минæвар æз кæп дæи, уый нæ зо- иыс? 50
Нæ зонын, зæгъгæ, мæ сæр батылдтон. — Цом-ма уæдæ мемæ æмæ æз Мæскуымæ искæцæй теле- фонæй ныдздзурон. — Цом, мæ куыстæй адзур. — Уый та ноджы хуыздæр. Дадоимæ редакцимæ æрхызтыстæм — Фысджыты цæдис дæр мах агъуысты дыккаг уæладзыджы уыд. ■ Мæскуы йын заказ скодтон æмæ æнхъæлмæ кастыстæм. — Фысджыты цæдисы сæрдар куы уыдтæн,— йæ кæддæры хабæрттæ æрымысыд Дадо,— уæд сæ иууылдæр зыдтон, стæй мæ сæхæдæг дæр зыдтой. Путевкæйыл нæ никуы ничи батыхст. Цæдисы уæнгтæ нæ, фæлæ-иу кæй фæндыди, уыдоны се ’ппæ- ты дæр æрвыстон. Æрыгæттæм тынг нæ хъус дардтам, ныр сæм: цыма ахæм цæстæнгас нал и, афтæ мæм кæсы. — Цæуыннæ? Æхцатæ-йеддæ кæмæн раттынц, ахæмтæ дæр ис. — Дыгай-æртыгай тумантæ ницы сты. Фæсивæды разæнгард кæнын хъæуы. Зæрдæдарæн кæуыл ис, уыдонæн хъуамæ чин- гуытæ уадзой, æмбырдтæм сæ æрвитой. Мæнæ ды куыд цæуын- мæ хъавыс, уый дæр хорз у. Фысджыты сфæлдыстадон хæдза- ры кæйдæртимæ базонгæ вæййы адæймаг. Бирæ зонгæтæ кæ- мæн ис, уый та хъæздыгдæр у. Фыссæг фыссæгимæ куы æм- бæла — уæлдайдæр æрыгон фыссæг — уæд хæлардзинад афтæ- мæй райгуыры. Тæлмацгæнджытæ дæр афтæмæй ссарынц... Мæ телефоны æнахуыр дзæнгæрæг райхъуыст. Уый сыгъдæ- гæй дæр Мæокуы уыдзæн. Хæтæл систон. — Мæскуы у,— дзурыы Дадомæ. Дадо хæтæл райста. — Алло! Алло! Нинæ мæ хъæуы! Нинæ дæ? Дæ бон хорз, Нинæ! Базыдтай мæ? Дадо дæн. О, Ирыстонæй. Путевкæ хъæуы Ялтæмæ! Иу æрыгон фыссæгæн! Кæдæй фæстæмæ? Фынддæ- сæм июлæй фæстæмæ? Дадо хæтæл йæ армытъæпæнæй амбæрзта æмæ мæ афарста: — Фынддæсæм июлæй фæстæмæ ацæудзынæ? Мæ сæр æм, «о», зæгъгæ, батылдтон. — Тынг хорз! Абон æй рарвитдзынæ? Бузныг, стыр бузныг! — Дæуæн дæр бузныг, Дадо. Мæ хъуыддаг мын сарæзтап, — раарфæ кодтон Дадойæн. — Хъуыддæгтæ раздæр арæзтон, ныр мæ бон ницыуал у. Цыбыр ныхасæй, путевкæ а-дыууæ боны ардæм хъæуы. Æп- пæты фылдæр кæд бафæстиат уа — къуыри. Мæ помыл æй сæрвитдзысты. Куы схæццæ уа, уæд дын хъусын кæндзынæн. Æмбойны та путевкæйы хицау адæн. Обкомы фыццаг сек- ретаримæ ныхасгонд уыдтæн. Путевкæ, дам, ссар, æндæр от- пусчы тыххæй ма тыхс, ауадздзынæн, дам, дæ. Нæхимæ куы ’рбацыдтæн, уæд Бæдийæн хабæрттæ радзырдг тои. — Кæд цæудзынæн, загътай? — бафарста мæ Бæди. — Фынддæсæм июлы. 51
— Цас-ма дын баззад? — Æвддæс боны. — Алыхатт талф-тулф митæ байдайыс! — Нæ фæлæ ацы хаттæй тынгдæр никуы ацыд мæ хъуыд- даг. — Иу хатт дын дæ дзаумæттæ афоныл куы срæвдз кæнон, уæд цас диссаг у! Цæхæрадон мын радтой. Тыххæй-фыдæй йæ къахт фестæм. Зæрæстоп зæхх уыди æмæ дзы бел нытътъыссын нæ куымдта. Цыппарæй йæ фæкъахтам. Дунетхан Мухарбеджы дæлджинæг кæныныл фæархайы, фæлæ цыфæнды хъуыддагмæ куы бавна- лы, уæддæр æй æрдæгыл никуы ныууадзы. Не ’ппæтæй дзы фылдæр уый скъахта. Цыфæндыйæ дæр уыцы зæхх кæй рай- стон, уымæй хорз бакодтон. Йæ фылдæр хай йын картоф æмæ хъæдур ныссагътам. Хъæдуры хъилтæ сæрмагондæй Къобосты хъæдæй сластон, Бæди æмæ Дунетхан сæ хъæууон бонтæ ’ры- мысыдысты. Дыууæ хуымы дзы хъæдындзтæ ныссагътой, дже- джджыитæ, мæймæбулчъытæ, хуырхæг. Суанг-ма дзы иас дæр ныссагътой. — Нæ цæхæрадонмæ мæ зæрдæ ’хсайдзæн. — Ма йæм æхсайæд. — Хæмпæлы бын куы фæуа, уымæй тæрсыи. — Барувдзыстæм æй. — Къахт зæхх уын афтæмæй ма баззайæд. Августы-иу дзы’ æрыскъæф ныссадзут. — Хорз. — Æндæр-ма цы? — Иннæ хæттыты иу бонмæ куы арæвдз вæййыс, уæд ныр мæй раздæр цæттæ кæнын цы байдыдтай? Уæддæр та дæ исты байрох уыдзæн. 4 — Уымæй раст зæгъыс. Рох кæныны дæр хорзæй пицы ис, фæлæ бонæй бонмæ цы’ хъуыддæгтæ фергъæвтоп, уыдонæй мын бирæтæ ныронг дæр’ æнæкопдæй баззадысты. IX Хæдтæхæджы куы сбадтæн, уæд мæхинымæр хъуыды кæнын райдыдтон, цы рахастон æмæ цы нæ рахастон, ууыл. Сæйраг- дæр уыди паспорт, путевкæ, æхца æмæ уыдон мæ дзыппы уыды- сты. Бынатыл куы сæмбæлон, уæд та мæ æнæмæнг цы дзаумæт- тæ хъуыд, уыдонæй искæцытæ- мемæ нæ разындзысты. БæДи мын дзæгъæлы нæ загъта, цасфæнды куы фæхъуыды кæнай; уæддæр дæ исты ферох уыдзæн, зæгъгæ. Сфæлдыстадон хæдзармæ хионы цыд бакодтон. Диссаг цы уыди, фароп цы уаты уыдтæн, уый та мæм æрхауди. Æрмæст ыи йæ дзаумæтты æвæрд чидæр фендæрхуызон кодта. Дива- ныл æрбадтæн æмæ хъуыдыты аныгъуылдтæн’. Уæддæр-Ма сын- т&г йæ бынаты кæй баззад. Иннæ дзаумæттæ сæ фароны бы- нæтты æнцондæр æвæрæн уыдысты æмæ фыццаг уæладзУгмæ, 52
мæ быны чи цард, уыдонмæ уынæр куыннæ хъуыса, афтæ, дзау- мæттæй раздæр чи кæм æвæрд уыд, уырдæм хæссын райдыд- тон. — Уый æндæр хъуыддаг у! — раппæлыдтæн мæхæдæг мæ- хицæй æмæ уаты къуымтыл мæ цæст ахастон. Мæ дзаумæттæ систон æмæ дзы кæмæн кæм æмбæлд, уым сæвæрдтон. Сахатмæ æркастæн. Сихор аивгъуыдта, æхсæвæр- мæ та-ма рæстæг уыди. Кæртмæ рацыдтæн. Мæ хъус фыццаг- дæр цы ацахста, уый — æхсыргуры уасын. Цыма дзæнæтон бæстæйæ хъæр кодта, афтæ мæм фæкаст. Хуры тынтæ нæзы бæлæсты пæлæхсар къалиуты æхсæнты зулаив æрныхстысты æмæ дзы бирæтæн сæ бон зæхмæ æрæххæссын дæр баци. Лыс- тæг цъиутæн сæ зарæг дардмæ нæ хъуысти, фæлæ иугæндзои кæй уыд, уый руаджы цæсты ахадыдта. Иуы хъæлæс-иу дзы æрмынæг кæнынмæ куы хъавыд, уæд-иу æй иннæтæ цалдæрыр- дыгæй ацахстой æмæ та-иу ноджы бæрзонддæрæй райхъуыст. Æхсыргур-иу искуы-иу хатт ныууасыд, фæлæ-иу æппæт хъæ- лæстыл дæр фæуæлдæр. Иуцасдæр-иу æнæуынгæ стъалыйау тæккæ бæрзонддæр ран алæууыд æмæ та-иу уæлдæфы атад. Иннæ цъиутæ йын цыма хъырнджытæ уыдысты, уый хуызæн- иу æхсыргуры зарæг куы фæцыдæр, уæд-иу сæ алыхуызон хъæ- лæстæ тынгдæр райхъуыстысты. Хохы фахс алыхуызон бæлæ- стæй цъæх дардта. Цъæх дардта, сфæлдыстадон хæдзарæй денджызы онг дæр. Былгæрон баиу сты кæрдæгхуызцъæх æмæ æрвхуызцъæх хуызтæ. Кæцы дзы рæсугъддæр уыд, уый зынæй раиртæстаис. Дзæнæт дæр дзæнæт æмæ Хъырым дæр дзæнæт! Цымæ уæр- тæ уыцы дынджыр къæдзæхдур ацы хæдзары кæртмæ цавæр уæйыг æртылдта? Æви æрдз йæхæдæг алы хъуыддаджы дæр уæйыг у æмæ йæ гуымиры тых никуы фæхъæуы? Æртæ адæй- маджы кæрæдзийы уæхсчытыл куы слæууыдаид, уæд дæр æм тыххæй сæххæстаиккой. Йæ сæр уыди кæрдæг æмæ къудзитæй æмбæрзт. Иæ хурыскæсæн хай, адæймаг кæдæм нæ сæххæс- сыдаид, ахæм ран—зиллакгонды—поэты сурæт. Куыд дзырдтой, афтæмæй ацы диссаджы бæстæ йæ зæрдæйы арфдæр ран хаста хъуыстгонд поэт. Иæ царды фæстаг бонтæ дæр ам арвыста. Куы марди, уæд куырдта, цæмæй йын йæ зæрдæ къæдзæхдуры бавæрой. Сæххæст ынкодтой йæ фæстаг фæдзæхст. Иæ зæр- дæйы цы бæстæ цард, уыцы бæстæйы йын йæ зæрдæ бавæрд- той. Сæрды тæккæ тæмæны банцад зæрдæ йæ кусынæй. Алы аз дæр æм Мæскуыйæ йæ бинойнаг æртæхы æмæ йын ныххæ- лар кæны балтæ. Поэт бирæ уарзта Хъырым, балтæ æмæ уыцы сауцæст, саудзыкку сылгоймаджы... • Дуры алыфарс æрзылдтæн. Фæндыд мæ кæрты зонгæ адæй- магыл фембæлын, фæлæ дзы æнæзонгæйыл дæр цæст не ’рхæ- цыд. Уыцы афон-иу адæм иууылдæр денджызы был уыдысты. Арвы кæронæй чи фæцыд, уымæн иу бон нæ, фæлæ иу сахат дæр зынаргъ у. Мæнæи дæр фыццаг мæ зæрды найынмæ ацæ- 53
уын уыд, фæлæ мæ хъуыды аивтон. Фарон Элинæимæ цы бæ- лæстæм схызтыстæм, уырдæм цæуын сфæнд кодтон. * Сындæггай араст дæн. Æрдæгфæндагмæ дæр нæма схæццæ дæн, афтæ фæллайын райдыдтон. Фæстæмæ ракастæн æмæ мæм денджызы арæнтæ уæрæхдæрæй разындысты. Уылæнтæ был- гæроныл сæхи куыд цавтой, уый уынгæйæ-иу æнхъæлмæ кас- тæн, сæ уынæр кæд райхъуысид, зæгъгæ, фæлæ-иу фыдæнхъæл ’фæдæн. Дарддæр араст дæн. Бæлæсты цур æрлæууыдтæн. «Элинæйы бæлас» дымгæ афæлдæхта. Иæ уидæгтыл ма хæцыди, фæлæ йæ къалиуты зæхмæ æрхæццæ уæвынмæ бирæ нал хъуыд. Иæ сыфтæр æфтауынæй дæр нæ банцад. Иæ быньгбацщдтæн, хæрд- мæ йыл схæцынмæ хъавыдтæн, фæлæ мын змæлын дæр нæ ба- куымдта. Уæддæр «мæхи бæласмæ» схызтæн æмæ денджызыл афæлгæсыдтæн. Ботаникон цæхæрадоныл мæ цæст ахастон æмæ «Элинæйы бæласмæ» ныккастæн. Цыма йæ зæхмæ æнæ- уынгæ рæхыстæй бабастæуыд, афтæ зынди. Бæрзондæй мæм, • цы ныллæг уыд, уымæй ноджы ныллæгдæр фæкаст. Æрхызтæн. Ногæй та йæ сраст кæныныл ацархайдтон— арсы хъуыны мæл- дзыг. Дыккаг бон æз дæр денджызы былмæ ацыдтæн. Хурмæ иучысыл алæууыдтæн. Мæлæты тынг мæ æрæндæвта. Куыд бамбæрстон, афтæмæй та фегæр дæн. Алы хатт дæр мыл иу- .хуызон сайд æрцæуы. Фыццаг боны хур мæ фарсыл никуы ба- хæцыд. Иæ «æгæр» ын нæ банкъарын æмæ мæхицæн низ сара- зын. Аууоимæ бацыдтæн æмæ уым фæбадтæн. Сихоры ’рдæм арвыл мигътæ фæзынд. Денджызы уылæнты знæтдзинадыл бафтыд. Сæ уыиæр дарддæрмæ хъуьгсын райдыдта.Хуссарæй дæгатмæ мигътæ цы дымгæ сырдта, уый денджызы былтыл дæр йæхи ахафта. Иæ дзаумæттæ уæлæнгай ауыгъд кæмæн уыдысты, уыдон сæм исынмæ февнæлдтой. Иугай æртæхтæ хауын райдыдта. Адæм сæ дзаумæттæ кæнынмæ фесты. Мæн дæр иннæты фæзмын бахъуыд. Дыууæ боны найынмæ нал сбæззыд. Уарын тагъд банцад, фæлæ деиджыз сабухта æмæ бирæтæм найыны ыыфс нал ра- зынд. Æз фароны зæрдæтахтæй денджызмæ æввахс нал бацыд- тæн. Бильярдæй хъазджытимæ фембал дæн æмæ уым рæстæг æрвыстон. Дыккаг бон дæр та фæссихор уырдæм бацыдтæн. Дæсныдæр хъазæгимæ мæ хал схаудта. Арæхсгæ архайдтон. Мæхинымæр /фидарæй скарстон, æнæ амбулгæ йын нæй, зæгъгæ. Æмæ æв- зæр нæ райдыдтон. Цыппар къорийы ныппæрстон. Фæндзæм дæр ныппарынæввонг лæууыди. Мæ ныхмæлæууæджы цæфы фæстæ йе згъорынæй тæккæ хуынчъы был банцад. Æз æй ныц- цæвынмæ мæхи æрцæттæ кодтон. Раст æй куынæ ныццæвои, уымæй тæрсгæйæ арæхстгай архайдтон. Иуцасдæр æм фæхъа- выдтæн æмæ йæ куыддæр ныццæвынмæ хъавыдтæн, афтæ мыи мæ ныхмæлæууæг йæ цæстæй дуармæ ацамыдта, чидæр дæ агуры, зæгъгæ. Акастæн æмæ мæ цæстытыл нæ баууæндыдтæн: 54
аэрдæггом дуар’й ЪъШЩШ лэёууыД... Элинæ. Цæй хъавд æмæ-ма ца*й Цыдæр! Кæимæ хъазыдтæн, уьшæй хатыр дæр нæ ракуырдтой, Ыæ лæдзæг кæм авæрдтон, уый дæр нал бамбæрстон, афтæмæй сЭлинæйы размæ атындзыдтон. Цалынмæ уынгмæ ахызтыстæм æмæ дыууæйæ дæр не ’муд æрцыдыстæм, уæдмæ фарстатæн ницы нысаниуæг уыди, уымæн <емæ нæ иуы дæр дзуапп дæттынмæ не ’вдæлди. — Кæцæй фæдæ? — мæ фарстытыл та рад рауагътон. Ацы хатт Элинæ дзуапп дæттынмæ йæ ныфс бахаста. —- Ленинградæй. — Ам дæн, уый цæмæй базыдтай? — Бæди мын æй загъта. — Кæм дæн, уый Бæди дæр куынæ зыдта. — Хъырымы ис, зæгъгæ, мын загъта. — Хъырым дынджыр у. — Мæхинымæр загътон, ам йеддæмæ никуы уыдзыиæ, зæгъгæ. — Афтæмæй ам куынæ разындаин, уæд та? — Уæд та фæстæмæ ацыдаин. — Мæнæ диссæгтæ! — æмæ йæ мæ хъæбысы æрбакодтон. — Улæфынмæ æрцыдтæ? — Нæ-а. — Уæдæ? Куысты фæдьгл? — Дæумæ! — Отпуск дын ис? — Нæма. — Куыд дæ рауагътой? — Сабæтты æмæ хуыцаубæтты фæкуыстои æмæ уыдон хыгъдмæ рацыдтæн. — Уазæгуаты хабар бакодтай? — Нæма. Мæнæ мæ дзаумæттæм нæ кæсыс? Фæстæмæ дæр мæм билет ис. — Кæдмæ? — Райсоммæ. — Цæмæн? — Ам куынæ уыдаиис, уæд фæстæмæ цæуинаг уыдтæн. — Уæдæ, йæ ныр дæттын хъæуы? — О. — Цом æмæ уал билеты кой бакæнæм, стæй уазæгуат агу- рæг ацæудзыстæм. Йæ чумæдан ын райстон æмæ араст стæм. — Кæцырдæм цæуын хъæуы? — бафарста мæ Элинæ æмæ, кæцæй рацыдыстæм, уыцырдæм акаст.— Мæнмæ гæсгæ фæстæ- мæ здæхын хъæуы. Мæнмæ гæсгæ та дæлæмæ цæуын хъуыди. — Нал æй хъуыды кæныс, фарон дæр уым куы райстам. — Знон кæм уыдтæн, уый дæр ма зынæй куы ссардзынæн, уæд-ма фароны хабæрттæ мæ зæрдыл лæууынц?! Кассæ æцæгæй дæр уæле разынд. Нæ билет куы радтам, 55
уæд, сфæлдыстадон хæдзармæ хæстæгдæр цы уазæгуат уыд| уырдæм бацыдыстæм. 1 — Иунæг бынат нæм суæгъд и, æрмæст зынаргъ у,— загъта| уазæгуатмæ цæстдарæг. ^ Цæй зынаргъы кой кæны! Сæрды тæккæ тæмæны Хъыры-] мы, æппæты фылдæр адæм кæм вæййы, уыцы горæты уазæгуа-1 ты бынат разынын æнхъæл нæ уыдтæн æмæ йын æхца фидын-. мæ фæдæн. Элинæ мæ нæ уагъта, мæхæдæг ын ратдзынæн^ зæгъгæ, фæлæ йын йæ паспорт тыххæй исæгау ракодтон æмæ йæ уазæгуаты кусæгмæ авæрдтон. Мидæмæ цæуыны бар дæт-; тæг гæххæтт æмæ дзы дæгъæл куы райстон, уæд-ма мæ фæстæ радзырдта: — Цыппæрæм уæладзыг! Лифты абадтыстæм æмæ нæ уайтагъд схæццæ кодта. — Диссаджы уат! — раппæлыдтæн Элинæйы хæдзарæй. Элинæ мыл йæхи æрбаппæрста. — Цыфæндыйæ дæр æррайæ хъуаг нæ дæн!' — Цæмæн зæгъыс? — Уæдæ дæ загъдау, ам куынæ разъшдаис, уæд та? — Æз дæр мæ дис кæнынæй нæма баицадтæн. — Мæ зæрдæ йæ зыдта. — Цы? — Ам кæй уыдзынæ, уый. — Кæд рацыдтæн, уый дын нæ загъта Бæди? — Уыйбæрц фæрстытæ кæнын æй уæндыдтæн? Кæм уыдтæ^ ’ уымæй дæр æй нæ бафарстон. — Уæдæ йæ куыдæй базыдтай? — Бæди мын, отпуск Хъыръшмæ ацыд, зæгъгæ, йæхæдæг загъта. — Æмæ уæд ды дæр комкоммæ ардæм ныццавтай? :— Куыд уыныс, афтæ...— Хъазыбег, æнæ дæу мæ бон цæ- рын нал у. Мæ хъуыдытæ иууылдæр дæуимæ сты. Æхсæв дæуи- мæ дзургæйæ бафыиæй вæййын, райсомæй дæуыл хъуыды кæн- гæйæ райхъал вæййын. Мæнæ-ма æрбакæс, цы хуызæн сдæн,, уымæ. — Тынг рæсугъд нарæг астæу чызг дæ. — Мæ куысты дæр мæ хъуыдытæ дæуыл вæййынц. Худыи дæр-ма мыл райдыдтой. — Цæмæн? — Иуæй-иу хатт мæм куы фæдзурынц, уæд къуырмайы хуызæн лæугæйæ баззайын. Цалынмæ мæ басхойынц, уæдмæ- мæ бынатæй нæ фезмæлын. Мамæйы цæсты дæр мæхи баф- тыдтон. — Цæмæй? — Мæ фыны дæр дæуимæ фæдзурын. Иу æхсæв та йæ хъал . ракодтон. Мæ фыны, æвæццæгæн, дæумæ хъæр кодтон æмæ- иннæ уатмæ дæр фехъуыст. ’ — Уый дын цавæр «Хъазыбег» у, зæгъгæ, дæ нæ фæфæр^ сы? 56
— Цæмæ мæ фæрса, гнæ йæ зоны? — Цы? . — Зæххыл мын æппæты зынаргъдæр адæймаджы ном Хъа- зыбег кæй хуыйны, уый? — Кæй æртахтæ, уымæй хорз бакодтай... — Дæхæдæг мæм куы ’ртахтаис, уæд ноджы хуыздæр уы-- даид. — Дæ дзаумæттæ æрбæстон кæн æмæ цом исты бахæрæм,- — Уæдæ мæм чысыл фæлæуу. — Бынмæ ацæуон? — Куыд дæ фæнды? — Цæй, æдде дæм фæлæудзынæн... Уазæгуаты дуармæ дыууæ кипарисы астæу æмраст æлвыд: къудзитæ йæ чъылдымы фæстæмæ ауадзæны хуызæн кæмæн зындысты, уыцы бандоныл æрбадтæн. Элинæ мæ дисы баф- тыдта. Кæм дæн, цы дæн, уый бæлвырд ма зон, афтæмæй ахæм1 дард фæндагыл рацу! Дызæрдыг дæр мацæуыл фæу, фæсмон дæм æрцæудзæн, уый дæр мацæмæ æрдар! Цымæ æз та Эли- нæйы бынаты мæхи куыд дардтаин?.. Уыцы рæстæг мæ цурмæ æрбахæццæ сты, дæларм-уæларм чи хæцыд, ахæм чызг æмæ лæппу. Сæ цыд фæсабырдæр кодтой æмæ мæ чызг бафарста: — Рæстæг цас у, уый нын нæ зæгъдзынæ? Загътон сын æй. Мæ зæрдыл æндæр хабар æрбалæууыд. Нæхи горæты уын- джы фæцæйцыдтæн. Æрæхснырсынмæ хъавыдтæн æмæ хурмæ- скастæн. Куыддæр а^рцæйæхснырстон, афтæ иу лæппу, кæцæй фæзынд, уый дæр нæ базыдтон, мæ цуры алæууыд æмæ мæ рæс- тæгæй куы бафæрсид. Ахæм хъыджы мыггаг мын уыди, æмæ- мæхицæй куынæ фефсæрмы уыдаин, уæд ын гуымиры дзуапп æназратгæ нæ фæуыдаин, фæлæ мыл мæ уæздандзинад фæуæла- хиз, æнæхай цы диссаджы æхсызгондзинадæй фæдæн, уый ни- цæмæуал æрдардтон æмæ йын рæстæг загътон. Уыцы чызг^ æмæ мын лæппу дæр раст ахæм куыст бакодтой. Цал æмæ цал: адæймагыл амбæлдысты! Иутæ сæ ныхмæ цыдысты, иннæтæ сæ фæрсты. Мæнæй сæм æввахсдæр чи уыд, æвдæлондæр. Иу- мæ дæр дзы не сдзырдтой. Мæн куы ауыдтой, уæд æрбазыл- дысты æмæ мæ бафарстой. Дуне диссæгтæй йе ’дзаг у. Афæдзы размæ дæр-ма Эли- иæйы нæма зыдтон, стæй йæ базондзынæн, уый æнхъæл дæр нæ уыдтæн. Фæлæ хъ^ыддæгтæ афтæ æрзылдысты, æмæ Не- вайы былгæрон цалдæр милуан адæймаджы кæм цæры, уыцьг горæты иу сæгъдзаст, бæрзонд, гуырвидауц чызг, æнæнхъæлæ- джы кæйдæр путевкæйæ Хъырыммæ рараст. Уыциу рæстæг бынтон æндæр ран Кавказы хæхты рæбынæй ахæм фæндагыл рацыд æндæр адæймаг. Уый дæр æнæнхъæлæджы, кæйдæр пу- тевкæйæ æмæ сæ цыдæр тых канд иу горæт, иу сфæлдыстадон • хæдзар нæ, фæлæ иу фынджы уæлхъусмæ æрхаста. Æмæ ныр* дыккаг аз æнæ кæрæдзи цæрын нал фæразынц... 57
— Бирæ дæ фæбадыи кодтон?! — мæ уæлхъус алæууыд Эли- ?нæ. Иæ фæндаггон хуыз æрбайсæфт. Иæ дзаумæттæ аивта. Иæ хъуырыл зонгæ рæхыс зонгæ дуримæ цæхээртæ калдта. — Итуйы тыххæй бафæстиат дæн. Иу сылгоймаг мæ разæй *фæци- æмæ уымæ æнхъæлмæ кастæн. — Хъуыды дæр æй ма кæн. — Æз дæр афтæ зæгъын. — Кæдæм цæуæм? — Дæуимæ — Мæймæ дæр разы дæи! 'м — Æмæ Ленинград та? — ’Ницыуал мæ æндавы æппындæр. — Ленинлрад ныууадзыныл дæр разы дæ? — йæ кæддæры "ныхæстæ йын йæ зæрдыл лæууын кæныныл архайын. — Дæн. Дæу кæм нæ уынон, уый мæ нал æндавы. Æнæ дæу :мын дон доны ад нал кæны, хор хоры ад!.. — Кæдæм ацæуæм, уый зоныс? Фарон цы рестораны уыды- <стæм, уырдæм. Хъуыды-ма йæ кæныс? Æпоæты фæстаг бон дзы куы бадтыстæм? — Æз алцыдæр хъуыды кæнын, Хъазыбег. Дæ алы ныхас .дæр мæ зæрдæйы арф æвæрд у. Рох мæ не сты, кæмыты уыды- 'Стæм, уыцы бынæттæ дæр. Кæд мæ цалдæр мин километры дарддæр цæрыс, уæддæр дæ сурæт мæ цæстыты раз нывгон- дæй лæууы. Кæдæмфæнды куы ацæуын, уæддæр дæ мæ ’фарс- мæ уынын. Исты куы фæдзурын, уæд мæ цыма ды дæр фæхъу- сыс, афтæ мæм фæкæсы. Дæ зæрдæмæ цынæ фæцæуа, ахæмæй *нсты зæгъынæй мæхи фæхъахъæнын. — Ды ахæм хорз чызг дæ, æмæ мæм алырдыгæй адæм куы- ,нæ кæсиккой, уæд дын ныртæккæ ахæм хъæбыс акæнин, æмæ .дæ нарæг астæуæн сæттынæй фæтæрсис. — Ды мæ маргæ куы акæнай; уæддæр ницæмæй фæтæрсин. — Мæ цонг мын дæхимæ тынгдæр нылхъивынæй дæр? Элинæ цыди мæ галиу фæрсты. Мæ цонгыл мын афтæ уæлæнгай хæцыд, æмæ иу къахдзæф тагъддæр куы ацыдаин, уæд æнцонæй фæхицæи уыдаиккам. Уый Элинæ фембæрста, худгæ мæм æрбакаст æмæ мæ рæм’быныкъæдз йæ риуы фæл- .мæныл андзæвыд. — Мæнæ афтæ? — Ноджы тынгдæр. — Ноджы тынгдæр та æндæр искуы... Цыдæр кæй æрцæудзæн, уый æмбæрстон. Фæтарстæн канд 'Элинæйæн нæ, фæлæ мæхицæн дæр. Мæ сæры зонд æмæ мæ зæрдæйы монцтæ æддæг-мидæг ауадысты. Сæ астæу цы дæрд- дзæг уыди, уый мигътæ æмæ фæздæджы бын аныгъуылд. Се ^хсæн фæндаг зын ссарæн фæци. Зондæй æнкъарæнтæм цæуын мæ куы бахъуыдаид, уæд мын куырмæджы архайгæ æрцыдаид. .Æнкъарæнтæй зондмæ дæр. Æхгæд дуарæй æрдæггом дуары эшдæг фæуынмæ тынгдæр фæтырнынц, уымæн æмæ дуар- чи йазыхъыр .кодта, уый бон æй уæрæхдæр байтындзын дæр бауы- 58
дзæни, æххуысгæнæг ын куы фæуа, уæд. Хорз у, дуар, мидæ- гæй чи ис, уый æмбиомæ куы байгом кæна, йе ’ннæ ’мбис та йын, æдде чи ис, уый куы байтындза, уæд. Ахæм дуары мидæг фæуынмæ алчи дæр фæтырны. Æндæр у гом дуары хъуыддаг. Ууылты бахизыны тыххæй бырсыны сæр ницæмæн хъæуы. Нæ йыл хъæуы тыхтæ хардз кæнын дæр. Кæддæриддæр дæ куы фæнда, уæд ыл бахиздзынæ... Мæхинымæр ме ’дылы хъуыдытæй стыхстæн. Элинæ мæ •фарсмæ цæуы, фæлæ ам куыдæй февзæрд, чи мын у æмæ кæ- дæм цæуæм, уый дзæбæх нал æмбарын. Мæхимæ иуфарсырды- гæй куы ’рбакæсин, уæд дисæй амæлин, аармæет мæ сæры зонд уыйонгты нал æххæссы. Цыдæр уылæнтæ мæ сæ разæй фæхæс- сынц æмæ мæ цалынмæ ныууадзой, уæдмæ мæ уавæр æххæс- тæй бамбарынхъом нал суыдзынæн... «Ноджы тынгдæр та æндæр искуы...» — Злинæйы ныхæстæ ме уæнгты ахъардтой. Цыма æрдæггом цы дуар æнхъæлдтон, уый æдзухдæр уæрæх тыгъд уыди, афтæ мæм фæкаст. Фæлæ уый уавæр нал ивта. Æрдæгфæндагæй здæхæи нал уыд — ми- дæмæ дзы хизын хъуыд. — Куы ницыуал дзурыс? — йæ армытъæпæнæй мын мæ цонджы хæцъæф фелхъывта Элинæ. Цыма мын мæ хъуыдытæ бамбæрста, афтæ мæм фæкаст. 'Фырæфсæрмæй цы фæуыдаин, уый нал зыдтон. Мæхиуыл мæ комдзог цæуын нæ фæндыд. Страус йæ сæр змисы куыд атъыс- са, уыйау æз дæр мæхи хъазæн дзуаппы фæстæ амбæхстон: — Ноджы тынгдæр та æндæр искуы, зæгъыс? Æвæццæгæн, рестораны? Элинæ ныххудти. Бæлвырд мын фенцондæр. Мæ хъуыдытæй мын кæй ницы бамбæрста, уый мæ бауырныдта. Чысыл ме ’муд куы ’рцыдтæн, уæд æй бафарстон: — Цæуыл худыс? 1 — Дæуыл. — Мæ зæрде-ма рестораныл худыс. Элинæ та хъæрдæрæй ныххудти. Ресторанæй талынджы раздæхтыстæм. Адæм былгæронмæ раивылдысты. Денджызы уылæнты иугæндзон уынæр адæйма- джы тезгъо кæныны къахдзæфæй тагъддæр цæуын нæ уагъта. Цыма Элинæимæ нæ цард ацы былгæрæтты цæуыныл бахардз кодтам æмæ дарддæр дæр уыцы куыст кæнæм, уыйау нæм æр- лæууыны зонд дæр нæ уыд, нæ къахдзæфыл бафтауынмæ дæр нæ хъавыдыстæм. Мæй дендя’ызæй скасти. Æвæццæгæн, доны бын æгæр алæу- уыд æмæ йæ цæст афтæ сырх уымæн уыд. Мæйæ былгæронмæ сызгъæрин фæндаг ацарæзтæуыд. Элинæимæ йыл кæрæдзийы къухтыл хæцгæ куы атахтаиккам, уый мæ фæндыд. — Искуы-ма демæ ацы денджызы былгæрæтты атезгъо кæндзынæн, уый æнхъæл нал уыдтæн. — Адæймаджы куы фæнда, уæд йæ бон алцы бакæнын дæр 59
у,— дзуапп мын р’адта Элинæ.— Æнцад бадгæйæ йæхæдæг йæхи ницы хъуыддаг сараздзæн. Элинæ раст дзырдта. Иæ зивæджы йæ мæлæт и, зæгъгæ-иу дзыццайæ арæх хъуыстон. Исчи-иу нæ исты куыстмæ уæнгмар- дæй куы æвнæлдта, уæд ын-иу йæ ных ахæм ныхæстæй ба- къуырдта. Чи зоны, мæнæн æнæкондæй цы хъуыддæгтæ баззад, уыдоны сæйраг æфсон зивæг нæ уыди. Адæймаг цыфæнды æнæ- зивæг куы уа, уæддæр йæ тыхдæттæг ныфс у. Мæнмæ та-иу уыцы ныфс алы хатт нæ разынд. Уазæгуаты дуармæ Элинæмæ куы ’нхъæлмæ кастæн, уæд мæхимæ фарстатæ дзæгъæлы нæ лæвæрдтон. Æргом дзургæйæ, мæнмæ ахæм ныфс нæ разын- даид. Ауалдзæджы мæм Элинæ йæ иу писмойы фыста, майы бæрæгбæтты денджызы былмæ иу фондз боны иумæ ацæуæм, зæгъгæ. Рагуалдзæджы денджызы был никуыма уыд æмæ æрдз йæ тæккæ дидинæгæфтаугæйæ куы вæййы, адæм та куы нæма æрбаивылынц, уыцы- рæстæг æй мемæ абалц кæнын фæндыд- Æнæ путевкæйæ цæуынмæ куыд зивæг кæнын, уый зыдта æмæ,. дам, уыцы рæстæг фатер баххуырсыи æнцон вæййы, хæрина- гыл дæр, дам, не стыхсдзыстæм. Куыннæ мæ фæндыди Элинæимæ. ацæуын, фæлæ мæм мæ бынатæй сыстын зын фæкаст. Балцимæ цы хъуыддæгтæ баст уыд, уыдонæй фæтарстæн æмæ Элинæйы фæндæй ницы рауад. — Дæ ныхæстæ дын хорз æмбарын. Кæд мæнæц уайдзæф* кæныны тыххæй загъд сты, уæддæр сæ ныхмæ ницы зæпьын мæ бон у, уымæн æмæ раст сты. — Цæмæн афтæ зæгъыс? Цæй тыххæй дын хъуамæ бауай- дзæф кæнон? — Зæгъыс æмæ фæсмон нæ фæкæнын? Ауалдзæджы дæм’ кæй нæ байхъуыстон, уымæй дæр фæрæдыдтæн. — Цæй кой кæныс? — стыхсти Элинæ.— Ды цæуылты дзу- рыс, мæ хъуыдыйы уыдонæй иу дæр нæ уыди. Зæрдæмæ нык- кæсæн куы уаид, уæд дæ бауырнид, мæнмæ дæуæн бауайдзæф’ кæныны хъуыды кæй иикуыма æрцыди, уый. Бауырнæд дæ, — Уырны мæ. — Уæдæ уыдæттыл мауал дзурæм, Хъазыбег,— мæ цоиг мын батылдта Элинæ æмæ мæм лæгъзтæгæнæг цæстытæй æр- бакаст.— Фехъуыстай? — Фехъуыстон. — Ацы бон æз нымайын мæ царды амоиджындæр бонтæи иуыл. Цæрæнбонты кувдзынæн фароны æвддæсæм июнæн. Элинæимæ уыцы бон базонгæ стæм. Нæ базындыл афæдз^ куы сæххæст, уæд мæм Элинæ писмо ныффыста æмæ мæ фар- ста, дæ зæрдыл, дам, æрлæууыд нæ фембæлды бон? Мæхи не схъæр кодтон, фæлæ мæнæй ферох. Ныр æй, кæй зæгъын æй: хъæуы, цæрæнбонтæм мæ зæрдыл дардзынæн. — Уæд дунейы фарн мæнæн ракодта стыр лæвар — базонгæ дæн — æрмæст æй уæд нæма зыдтон — зæххыл мын æппæты зы’наргъдæр чи у, уыцы адæймагимæ. — Мæ иу зонгæ куыд фæзæгъы, уый зоныс? Ме знæгтæ^ 60
дам, мæ куыд тынг фауынц, афтæ æвзæр нæ дæн, стæй, дам, мæ мæ хæлæрттæ куыд æппæлынц, афтæ хорз дæр. — Æз дзурын, цы хъуыды кæнын, уый. Мæнæи дæу йед- дæмæ никуы ничи уыд æмæ ис. Æнæ дæу амондджын кæй ни- куы уыдзынæн, уый мæ фидарæй бауырныдта. Стендалы ро- ман «Красное и черное» бакастаис. — Куыцнæ?! Уæдæ де Реналы сурæт хъуыды кæндзынæ? — Тынг хорз. — Æз дæр уый хуызæн æнæ дæу мæхицæн бынат нал арын. Иу хатт мæм фысгæ дæр куы кодтай, телефонæй, дам, мæм уымæн сдзурыс, цæмæй дæ писмотæ æрвитын ма хъæуа. Уый афтæ нæу, Хъазыбег. Писмо дæр хорз у, фæлæ мын дæ цардæ- гас хъæлæс хъусын бирæ зыпаргъдæр вæййы æмæ дæм уымæн фæдзурын. Дæ иу ныхас фехъусып мын даргъ пиемойæ зы- наргъдæр вæййы. — Афтæ мæм кæсы, цыма цы дæп, уымæй мæ бæрзонддæр кæпыс. — Дзæгъæлы! Адæймаг адæймаджы куы фæуарзы, уæд æй æнæхъæпæй фæуарзы. Уыцы æнæхъæны та вæййынц йæ хорз- дзинæдтæ дæр æмæ йæ аиппытæ дæр. Зæгъыс æмæ дæм цы хъуагдзинæдтæ ис, уыдоп нæ зонын? Зоныи сæ, фæлæ уыдон. дæ хорздзинæдты цур ницы сты. Дæумæ та афтæ кæсы, цыма сæ нæ уынын. — Уæдæ дæумæ æз иу аипп дæр куы нæ арын, уæд дæм уый та куыд кæсы? — Æз дын сæ мæхæдæг бацамондзьшæн. — Цæй-ма уæдæ? — Ардæм дæ фæдыл кæй æрцыдтæн, уый дын мæ иу аипп. — Уагæры-ма декабристты устыты хуызæн мæ фæдыл Сы- ^бырмæ куы ацыдаис. — Сыбырмæ дæр ацæудзынæн, æрмæст дæм уырдæм цæ- уып макуы бахъæуæд. Стæй Сыбырмæ чи ацыд, уыдон капд •сæхæдæг нæ уарзтой, фæлæ сын сæхи дæр уарзтой. — Æмæ дæ æз нæ уарзын, зæгъгæ, дын чи загъта? — Зæгъын мын æй цæмæн хъæуы, нæ йæ уынын? Бæласы аууон куы фестæм, уæд Элинæйæн ныбба кодтон. — Ныр та-ма цы зæгъдзынæ? — Цæуын афон у зæгъын мæ бон иæма у? — Бафæлладтæ? — Æз дæуимæ цæуынæй никуы бафæллайдзыпæи. — Уæдæ? — Уазæгуатмæ-ма мæ бауадздзысты? — Нырма дæс сахаты дæр куынæма у. — Уæдæ-ма иу зылд æркæнæм. Фæстæмæ та денджызы былты уæлæмæ араст стæм. Элинæ мæм йæ писмоты йæ куыст æмæ царды тыххæй би- рæ хабæрттæ ныффыста. Сæ институты ахуыргæндты куысты- тæ зындгонд сты канд бæстæйы нæ, фæлæ фæсарæнты дæр. 61
Сæ æрхъуыдыдзинæдты тыххæй йæхæдæг дæр премитæ æма&’ авторон æвдисæндартæ бирæ хæттыты райста. — Ауалдзæджы нæ кусджытæй иу кандидатон диссертДци бахъахъæдта æмæ нæ сæхимæ ахуыдта,— мæ хъуыдытæ дарддæр хæццæгæнæгау сдзырдта Элинæ.— Мæ комкоммæ цы лæппу бадт, уый дын мæ иу ран куынæуал уадзид. Куы-иу мын мæ тæбæгъы хæринаг æрæвæрдта, куы мæм ныхасæппарæн кодта^ куы — цы. Музыкæ куы сарæзтой, уæд та мæ кафынмæ хуыдта. — Æмæ ракафыдтæ? — Цытæ дзурыс! Мæ цæстытыл ды ауадтæ. Кæйдæр лæп- пуимæ кафыныл куы схæцыдаин æмæ мæм, зæгъын, уыцы рæс- тæг ды искуыцæй куы ’рбакастаис... У ы д з æ н м а.
БАЛАТЫ НÆ ИУДЗИНАД-НÆ УАРТ «Иумæ нæ рамбырд кæн, дзырд...» Мæ уд кæны дзæнгæрæгау фæдисхъæр, Мæ риуæй суагъта судзгæ маст зынг тау. Сæ зонд фæцыд гуырдзыйаг экстремисттæн, Лæбурынц нæм æрра ардыд куыйтау. Нæхи бæсты æцæгæлæттæ систæм. Уæууæй! Ысси аланты зæхх дзырддаг. Сæ нæргæ ном кæд хурæмвæз нæ систам, Уæддæр нын хъуамæ ма уа лыг сæ таг. Дунейы фарн! Фыдбылызæй нæ бахиз. Цæмæн кæлы рæстуд адæмы туг? Рæстдзинад уæд нæ фыдгултыл уæлахиз, Æгас цæуæд Æхсырф æмæ Дзæбуг! Бæрзондылбадæг, дзаг цæстæй нæм ракæс, Æнæкæрон — нæ судзгæ маст, нæ хъыг. Рæстаг тæрхон лæгсырд ызнæгтæн рахæсс, Æгъгъæд кæлæд æдзард удтыл цæссыг. Нæ бартыл тох лæгæвзæрстæй нæ хæс у, Нæ иудзинад фыдохы бон — нæ уарт. Фыдæлты кад уæззау уаргъау куы хæссæм. Фыдыуæзæгыл ма ’рхуыссæд нæ арт! КÆМ ДÆ — КЪОСТА? «Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы Каем дæ, Къоста, мæрдты дыккаг мард акæ, Кæнæ нæ хъæрмæ сау ингæнæй сыст! Кæмдæрты домынц аивын нæ картæ, Нæ сыгъдæг удтæм сау катай ныххызт. Мæн у, зæгъæг нын а дунейыл нал ис, Дзырдтаг ысси нæ Иры зæхх æргом. Нæ рыст зæрдæты судзгæ маст ысмал ис. Æлгъыст — нæ абон, додойаг — нæ сом. Уынгæджы фестæм Хуссарæй, Цæгатæй, Дæлдзæх фæуа нæ ницæйаджы дуг! О, стыр Хуыцау! Куы ниЦы дарæм хъалтæй, Æнæвгъау уæд цæмæн кæлы нæ туг? Кæм дæ, Къоста? Ды не стыр ныфс, нæ уарзт дæ, Æнæ дæу — сидзæр Иры зæхх, æдзыт. О, Хетæджы-фырт, чи загъта, ды мард дæ? Фæзын, æрвнæрдау азæла дæ дзырд... 63
Æмæ та :Иры дадылмард лæппутæ Фыдгулты ныхмæ фестой айнæг хох. Кæд уыдысты аланты цот тæппудтæ? Куы бахъæуа, уæд удуæлдайæ — тох! НАЛ ФÆРАЗЫ СУДЗГÆ ФЫДТÆЙ ИР Гоби фестад, уаих уа, Мæскуы дæр, Ир — кæуинаг, ннкæйы хъæуы. Зондæй, дам, гуырдзыйы тъуз фæкуыддæр... Развæлгъау йæхи сæфтыл кæуы. Фæлæ йын æнæхатыр тæрхон и, Судздзæн æй цæрддзу адæмы фарн. Бабын уа! Тæригъæд дæр нæ зоны. Мары, судзы, стигъы нын нæ царм. Бавдæлон йæ нымд хъæбултæй Хуссар Ехх! Æмæ сын амонды хос фест! Чи фехæлдта, о. Хуыцау, нæ рухс цард, Уый рæхджы дæ судзгæ фæттæй фехс! Гъе та йыл дæ сау рæхыс æрæппар, Зындонмæ йын йе ’лгъаг сæр нывзил! О, æмæ, æппынфæстаг, ныссыпп уа, Нал фæразынц судзгæ фыдтæй Ир! НЫХАС ЗÆХХИМÆ «Что ела ты, земля,— ответь на мой вопрос — Что столько крови пьешь и столько льешь ты слез?» Ш. Петефи. Ныййарæг зæхх! Æппынфæстаг æрра сдæ, Æви æлгъыстаг цардæнхъæл фæдæ? Куыд нæ дæм хъары цоты марой, уастæн, Дæ риуы нал ис уд æмæ зæрдæ? Дæ хъæбулты туг, судзаггаг цæссыгтæй Куы нал зоныс æлгъыст дуджы æфсис, Уæд чи бамбара, бастъæлай, фæрсын дæ, Дæуæй хуыздæр нæ судзгæ маст, нæ рис? Куы нынкъуысыс рæхуыст зæрдæйау хатгай, Ныхъуырыс уæд нæргæ хъæутæ зыдæй! Цæуылнæ у нæ цæрайыл дæ катай? Хъæбулхор дæ? Æви мæлыс сыдæй? ЦХИНВАЛЫ ÆРХЪУЛА Нæ пецтæ сæхи дæр Нæ тавынц нывыл. Нæ уарзæм нæхи дæр Фыдæлты зæххыл. .64 :Мит уары Цхинвалы, Хъызт зымæг æрцыд. Нæ фыны, нæ хъалы Мах не стæм æвыд.
Фыдгултæ — æгъатьф. Уæлæсин куыд нæ уой? Æвзарынц сæ тых, Зæхх исынц тыхæй. Ыскъолатæ, театр Хæлæттаг — нæ фæллой, Ныккодтой бын пырх. Хатыртæ сæм нæй! Нæй нуазынæн дон дæр, Нæ мард нын уæлмæрдтæм Нæ судзы цыратъ. Нæ уадзынц хæссын. Куы хæссы нæ сонт дæр Нæ сабитæ кæртмæ Хæстон лæджы уаргъ. Нæ уæндынц кæсын. Æххормагæй цъитæм, Цæгат Ирмæ лидзæм, Нæ бæллиц — кæрдзын. цы фæуæм уæдæ? Фыд бонтæ æрвитæм, Зындоны хæс фидæм Кæй фæнды мæлын. О, исчи, кæм дæ? Хæцæнгæрзты нæрын Фыддæр у фашистæй Æхсæв уа, уæд бон. Æнæуд Звиад. Ысдзурæг нæ сæрыл Фæлæ нын о, искæд Нæй, уаих, æргом. Æрзилдзæн йæ рад. Нæ хъæутæ нын судзынц, Гуырдзыйаг, ирон уа Амынæт кæнынц. Куы стыхсой æгæр, Кæм фæндаг рæмудзынц, Уæд додой — йæ къона, Кæм дзугтæ тæрынц. Кæуинаг — йæ сæр! ТÆРИГЪÆДДАГ ДУДЖЫ Фидар къух нæма ссардта нæ сæрбос, Мацæуыл кæн ацы бонты дис! Афтектæ — бынтон афтид, æнæ хос. Бауром фыдох зæрдæйы рис! Дохтыртæ тæригъæддаг куы фесты, Иудадзыг сæ уавæртæ — хъæстаг. Рынчынтæн дзæбæх зæгъынхъом не сты. Æмæ нæу бынтон нывыл сæ уаг. Палатæты — низæфхæрд нымд адæм. Урс халат уæддæр, мæгуыр,— сæ ныфс, Ницы хос у сусæг хъынцъым цардæн, Низæн нæ, æххормагæн дæр быхс! Ма агай дæ зæрдæйы хъæдгæмттæ! Царды цин кæд фæуыдзæни нозт? Ау, бынтон ныл рахаттысты зæдтæ, Æви нал йс фервæзынæн хос? КÆДÆМ ЦÆУÆМ Фисынмæ ныл рахатти нæ карз рæстæг, Нал уромынц рохст зæрдæтæ маст. Рафтыдыстæм сау фыдохы сагъæстæй, Ахуыссыд уæлмонц зæрдæты уарзт. ’Оххай-гъе, фæзминаг нын — нæ дард фыдæл, Не ’рхуым удтæй циндзинад фæлыгъд Нал нæ хъæуы ацы бонты балцы сæр, У нæ фæндаг хингонд æмæ сыгъд. Хæст цæуы — æнæбындур, æгъатыр хæст, Туг кæлы, æнæкæрон — нæ хъыг. 5 Мах дуг № 2 65
Охх, мæлынц нæртон гуырдтæ — дзуарæнгæе.. Цъититæй дæр фемæхсдзæн цæссыг. О, Хуыцау! Дæ уаз бæрзондæй рафæлгæс! Бамбар ма дæ нымд хъæбулты рис, Де сконд зæдтыл рухс дунейы бафæдзæхс, Ма фехæла иумæйаг Цæдис! Нæй рæстырдæм аудæг нæ иуыл дæр, Уастырджи! Кæдæм цæуæм, кæдæм? Нал æууæндæм, нал, бецау, нæхиуыл дæр^ Амонд нæй!.. Æнхъæлмæгæс лæууæм! КУРДИАТ Рацарæзт цæрæццæгтæн цы радта? Доны къусау цардамонд фæкъул. Сæрсæфæнмæ адæмы æртардта,— Бонджын райы, абадт сах йæ хъул. Кувæг дæр йæхæдæг у, о, хистæр, Аходæг дæр, мачи дзы ,уа, ма! Сæудæджер бынтон йæ гамхуд систа Æмæ калы кусæгыл йæ хъал. Кооператор басгуыхти дæлимон, Стигъы ’нæвгъау æлхæнæджы царм. Нæй йын бафсйс, къаты бон дæр — зиууон* Дзаг æхцайæ иудадзыг — йæ арм. Нациты ’хсæн уарзондзинад амард, Алы ран зæххы сæрыл — нæ тох. Судзы нæ «лæгхуыцæутты» фыдазар, Рафæлдæхт хæлардзинады хох. Стыр Хуыцау! Цынæ диссæгтæ фенди! Сыстад ныл политикон фыдрын. Курæм дæ! О, айс ма нæ аренды, Нал фæразæм, а зæххыл цæрын. НАЛ ФÆРАЗÆМ Æргъты рæзтæн нæй кæрон, Хъæр кæнæм: «Фæдис!» Фæлæ ницы у нæ бон, Чи ’мбары нæ рис? Риутæм сау катай ныххызт, Царæфтыд ыстæм. Нæу къæбæры фаг нæ мызд, Урсаг нæм ыстæм. Нуазæм ’нæ сæкæрæй цай, Къæбицтæ — гаффутт... Балхъив рон, цырагъау тайл Гъе та сис дæ уд. Туджы аргъæй алцы дæр Сæудæджертæм — хæрх. Бахъуыди нæ балцы сæр, Барæвдз кæ дæ бæх! Пыхс нæ сæрыл ахæссæм* Мардзæ, не стæм мард! Космосырдæм ахæцæм, Зæххыл нал ис цард! УАСТЫРДЖИМÆ Баххуыс нын кæ о, Хуыцау, нæ зыпты, Курæм дæ, нæ кувинæгтæ айс! 66
Иры дзыхъмæ Лæгтыдзуар фæзынди, Нал нын у æварны сæфтæй тас. Зæххы ’мвæз ын бакувæм бæрзондмæ, Ауда ныл, ма зона фыдæх. Хиза нын нæ кæстæрты тæсзондæй, Уа сæ фæндаг хурмæтындз, уæрæх. Уастырджи! Нæ зæды хай, табу дын! Исты кæд фæрæдийæм — ныббар. Дзурынмæ къуымых ыстæм, тæхуды, Ныр дæу аккаг ныхæстæ ыссар! Карз дуджы нæ бахиз сау фыдрынæй, Фест нын о, фыдгулты ныхмæ уарт! Бафсæдæм дæ дæлбазыр цæрынæй, Абуха нæ къонаты гуыпп арт! * ЗÆРДÆБЫН НЫХАС Ирон хæрæфырт, Цхинвалы сæриба- рыл тохы зынгхуыст хæстон Михай- ленко Александры рухс ном дзы арын. Стьтр кадимæ ныгæд æрцьщ Цæгат Ирыстоны Кировы хъæуы. Дæ саутæ сис, мæ рыстзæрдæ ныййарæг, Æгъгъæд ыскæн! Кæуынæй ма цы ис? Мæн нал æндавынц судзгæ цæссыг, хъарæг, Æз нал æмбарын цины уылæн, рис. Нæ батыдта мæн не ’лгъыст дуг æгадæй, Æз басгуыхтæн нæ Ирыстонæн уарт. Фæлæ мæрдтæм фæцæуæг дæн æдзардæй,— Дзæгъæл фыднæмыг аскъуыдта мæ цард. Хæрæфырт... О, йæ нымд хъæбул дæн Ирæн, Æцæг хъайтарау бафыстон мæ хæс. Æз мысын ам мæ сабидуг, нæхимæ О, ме схæссæг мад, нал зонын æрхъæц... Цы бакæнон? Фыдвæндаг дын æрбадæн, Фæлæ мæ гуырдыл ма фæкæ фæсмон, Сæрыстыр у! Куыд дæ уырны, æз мард дæн? Цæрæццаг дæн дæлсыджыт дæр — хæстон. Нæ бамбæхстæн нæ сæрибарыл тохæй, Нæ фæлыгъдтæн æвзæр, тæрсаг куыдзау. Нæ уыдзынæн ирон дзыллæтæй рохы, Мæ уд тæхдзæн сæ цингуывдтæм Хуындзау! 67
СИТОХАТЫ САЛАМДЖЕРИ ЗЫН УАРЗОНДЗИНАД У а ц а у Сæрд йæ тæмæны бацыд. Хуры бæллиц сæххæст. Арвы цъуп- мæ схæццæ вæййы. Æрдз йæ алыхуызон ахорæнтæй йæ рæбы- ны ницыуал ныууагъта... Дуне та срæсугъд. Зæрдæ рухс кодта йæ уындæй. Рæстæг диссаджы дзæбæх хаста Былыхъæуы дæр. Æлвæстастæу лæппутæ арт уагътой, уыдоны цæстмæ чызджы- тæ дидинæг калдтой æмæ калдтой. Ахæмтæ дзы уыди, æмæ-иу йæ къуыбыртæ æххæст нæма райхæлдысты, афтæ-иу фæкуырд. Хуыцаубонтæ нал фаг кодтой чызгæрвыстытæн, чындзхастытæн. Суанг-иу дыццæгмæ дæр хъæубæстæ физонджыты тæф кодта. Дзеба дæр ныффæнд кодта ус курын. Иу изæр йæ мадыр- вад Гæдойæн фехъусын кодта: — Акъуыри макæдæм ацу, минæвар дæ æрвитдзынæн. — Минæвар, зæгъыс? Быдырон куыстытæ сæ тæмæны сты, æмæ... Куынæ мæ равдæла. Уæвгæ, дæу тыххæй кæд рæстæг ссарин. Æмæ уæд колхозы сæрдар Умарæн зæгъын хъæуы, æмæ нын йæ тачанкæ авæрдзæн, науæд та саргъыбæхтыл ацæудзы- стæм. Мыййаг, къæвда рæстæг куы скæна, уæд... Уæвгæ, мæнмæ хорз нымæт нс. Уыцы ныхæстæм Дзеба худæгæй бакъæцæл: — Цæй тачанкæты æмæ цæй бæхты кой кæныс? Дзаниффæ- мæ уæ æрвитдзынæн минæвар, Маскайы чьгзгмæ. Нæ баком- коммæ цæрынц, бульвары иннæ фарс. Уæд Гæдо дæр худыныл схæцыд. Минæвæрттæ къуылымпыйы ныхас нæ фехъуыстой фысым- тæй. Хъуыддаг уыд кæнгæ. Æмæ бафидыдтой хуыцауыхсæв, Фæлæ сæ фыдæбон, сæ куывдтытæ, сæ рæсугъд ныхæстæ дзæ- гъæлы фесты. Хуыцаубоны райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр х&ст. Æвирхъау хабар тыхджын зилгæдымгæйау сæмхæццæ код- та æрыгон удты бæллицтæ, сæ уарзты зæлдаг æндæхтæ сын ныскъуыдтæ кодта! Æнкъарддзинад хъæуы сæрмæ æрбадти фæззыгон мигъау æмæ атæрын ничердæмуал куымдта. Къуы- рийы фæстæ сиддонты иу къорд хæрзбон загъта хъæубæстæн. Уымæй цалдæр боны фæстæ фæсидтысты æндæртæм. Уыдони- мæ уыд Дзеба дæр. ...Уыцы сæрдыгон мæйрухс æхсæв Дзебайы зæрдæйы баз- зади æнусмæ. Амæйразмæ-иу Дзаниффæ сæхи кæнæ сыхæгты 68
дуармæ хурныгуылдæй фæстæдæр куы аззади, уæд-иу йæ мад Маска сæ бæрзонд тыргътæй рахъæр кодта: «Чызг, нæ хæдзар- >мæ рацу! Ныр цафон у?!» Фæлæ ацы ’хсæв мады хъæлæс ни- кæцæй хъуысти, кæд рæстæг æхсæвæрафонæй дзæвгар афар* дæг, уæддæр. Маска зыдта, Дзеба райсом æфсадмæ цæуы, уый. «Мæ чызджы, æвæццæгæн, ныхасмæ бацагуырдта, æндæр кæм ис нырмæ? Сæ тæригъæд мæ нæ хъæуы, нæ сæ хъыгдарын»,— ахъуыды кодта мад, фæлæ уæддæр йæхи нал баурæдта, æмæ иу рæстæг æнæуынæрæй кæртмæ рацыд. Быруйы кауын дуар бакæнынмæ куыд хъавыд, афтæ йæ хъустыл ауад, иуцасдæр раиртасæн кæмæн нæ уыд, ахæм сусæг ныхæстæ. Маска ба- зыдта йæ чызджы хъæлæе. Байхъуыста бæстондæр. Иннæ та уыд Дзеба. Байхъуыста. Æмæ уæвгæ зын раиртасæн нæ уыд. А’рдæм Хуссар Ирыстонæй æрлыгъдысты. Æмæ ма уырдыгои здæхт дзырдта, кæд уæдæй нырмæ дæс азы (бæрц рацыд, уæд- дæр. Иурæстæг усырдæм рог уддзæфы уылæнтæ акъаци бæласы бынæй æрбахастой ахæм ныхæстæ: — Мæ фыд Адæбе мын арæх фæзæгъы афтæ: «Æз æмæ дæ мад 1стыртæ куынæ стæм, уæд ды кæмæй фæдæ?» Æвæццæ- гæн, дæ цинæй сырæзтæн, Дзаниффæ, афтæ тынг. — Æз дæр афтæ æнхъæл дæн. Махæн дæр Маска мæлæты стыр куы нæ у. Уæвгæ мæ фыд Илас бæрзонд уыд. Ды йæ нæ зыдтаис. Уæд сымах хъæуысæр цардыстут. — Адæбе йæ кой арæх ракæны. Дружинникты хицау, дам, уыдис. Иу мæйдар æхсæв, дам, къæрныхтæ колхозы стуртæй фæцæйтардтой... Се ’хсæн, дам, тох бацайдагъ. Фос, дам, бай- стой, фæлæ, дам, Илас фæмард. Исдуг ныхас никæмæйуал райхъуыст. Стæй Дзаниффæ фе- хæлдта уыцы сабырдзинад: — Писмотæ фыссынмæ-иу зивæг ма кæн. Цы тетрæдтæ дын радтон, уыдон фаг уыдзысты. Кæд фæуой, уæд та дын арвит- дзынæн. — Цытæ дзурыс? Æртындæс тетрады фыст кæд фæуыдзьь нæн? Уæд ма знæгтимæ та чи хæцдзæн? О, хæдæгай, знон мæ хъустыл иу хабар æрцыд. Посты хицау Знауыры дæр, дам, æфсадмæ кæнынц. Иæ бæсты, дам, ды уыдзынæ. Раст у? — О, фæлæ... Нырма куыст дзæбæх иæма зонын, æмæ... Курсытæм цæуинаг уыдтæн, фæлæ ма ныр кæцæй? — Сарæхсдзыпæ. Æз та ме скъоладзауты Тамарæйы бар бакодтон. Иуафон мæйы цалх урс мигъы æврагъмæ батылд æмæ иу- цасдæр нал разынд, цыма, дыууæ уарзоны мачи фена, ууыл архайдта. Маска фæстæмæ æнæуынæрæй бацыд æмæ æд дзау- матæ йæхи сынтæгыл æруагъта. — Нæ фæлæ цы диссаджы рæсугъд æхсæв у! — загъта Дзе- ба æмæ чызджы уæхскыл йæ къух хъавгæ æрæвæрдта. Иу уысм ма,— æмæ дыууæ уадулы кæрæдзиуыл андзæвыдысты, — Дæ уадул — зынг, зынг... Исчи йыл цыма арт скодта; 69
— Исчи нæ, фæлæ Дзеба. Дæхи уадул дæр къаддæр пæ’ худзы. — Афтæмæй куы ссудзæм! — Райхъуыст лæппуйы хъæлæс. ,Дæ риуы гуыпп-гуыпп куыд тынг хъуысы. Стæ-ма...— Дзеба йе ’пнæ къух чызджы галиу риуыл авæрдта. Йæ буар æваст куыддæр ныззыр-зыр кодта. — Худпнаг у... Дæ къух... Айс æй...— Уыцы ныхæстæ кæи- гæйæ чызг Дзебайы къух йе стыр хæмпус риумæ ноджы тынг- дæр æрбалхъывта. Раст уыцы рæстæг кæртæй райхъуыст Мас- кайы хъæлæс: — Чызг, уæ, чызг! Кæм дæ? Дæ хæдзармæ рацу! — Фæцæуын! — бадзырдта йæм Дзаниффæ Дзебайæ йæхи феуæгъд кæнгæйæ. Чызг кулдуарырдæм цалдæр къахдзæфы акодта, стæй æрлæууыд. Цыдæр зæгъыымæ ма хъавыд, фæлæ йæ зæрдæ æрбауынгæг, хъæлæс ахгæнæгау кодта. — Фæндараст! — иунæг уыцы дзырд ма дзы снрвæзт æрæ- джпау æмæ згъорæгау акодта сæхимæ. Уæдмæ та мæй ракаст. .Лæппу ауыдта, Дзаниффæйы сау дыууæ дзыккуйы йæ рухсмæ куыд ферттывтой, уый. Цыдис рæстæг. Хъæуы цæрджытæ стæнæг сты. Баззад ма дзы зæрæдтæ, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ. Æвзаг хъæл- дзæг пыхас зæгъынмæ иал тасыд. Адæмæн постхæссæг сси сæ ауыцауы хай. Æнхъæлмæ-иу æм куыд тынг кастысты, тæрсгæ лæр дзы афтæ кодтой. Искæцæй-иу куы фæзынди, уæд-иу устытæ катайы бацыдысты: — Дæ-дæ-дæй! Цымæ та сау гæххæтт кæмæ бадæтдзæн?! — Цыдæр æнкъард та у! Фæлæ сылгоймæгты катай карз хæстмæ пымады дæр нæ уыд. Сау хабæрттæ сау халæттау тахтысты Былыхъæумæ дæр. Хъæу нал рæзыди, нал дзы уыдис хæдзаргæнæг. Уый хыгъд рæзыдысты уæлмæрдтæ. Афтид ингæнтæ сæхи бакодтой æиæ- хъæи тъæпæптæ. Иу бои Даду йæ мой Адæбейæн афтæ бакодта: — Табу Хуыцауæн, мах Дзебайæ писмотæ исæм. Ныронг ын кæм ницы уыдис, уым кæд аирвæзид.— Иæхæдæг къам рай- ста къамоды лагъзæй, рудзыпгмæ хæстæг бацыд æмæ дзы йæ цæстытæ нал æмæ нал иста.— Зпон нæ чызг ам уыд. Иæ сы- вæллоп къам анцъылдтæ кодта. Ахæм фыдуаг ма дзы уа! — Æндæр фыдбылыз ныл ма ’рцæуæд. Иæхæдæг сæрæгас уæд, уый йеддæмæ къам... Сæрвитдзæн та. Мæгуыр — уыдоп, къамтæ нæ, фæлæ лисмотæ дæр чи нæ уал исы... Ныййарджыты цип сæ хæдзары бирæ пæ афæстиат. Иыронг- иу Дзаниффæ Дадуйыл куы амбæлд,—уæд-иу ын мидбылхуд- гæпæ салам радта, ныр ыл æндæрæбон йæ зæрдæ куыддæр •фæкъæпп кодта. Цыдæр æнкъард уыдис. Дыккаг бон дæр та афтæ. ^— Æпæ бафæрсгæ мыи æй нæй. Уымæй хуыздæр чи зоны хабæрттæ? Посты хицау куы у,— загъта йæхииымæр ус æмæ .атыпдзыдта астæу уынджы уæлæмæ. 7Р
Дзапиффæ бадти стыр уаты æмæ цавæрдæр гæххæттытимæ йрхайдта. Дадуйы мидæмæ бахизгæ куы федта, уæд ын сыстади. — Мæ къона, дæ цæстæнгас мын анфæстаг бонты ме уæнг- ты цыдæр тас уадзы. Мæ хъæбулыл ;мацы бæллæх æрцæуæд?! Уыцы ныхæстæм Дзаниффæйы цæссыгтæ фемæхстысты. Æрæджиау дзы сирвæзтысты, Даду кæмæй тарст, ахæм ныхæ- стæ: — Дæ фырт... Райстам æвзæр хабар. Полчъы къамандир ныффыста... Иу хæсты, дам, йæ хæдтæхæг ссыгъд æмæ афтæ- мæн фæмард. Ус нырдиаг кодта, ныххоста йæ уæрджытæ æмæ ахызт уа- тæй. Къæсæрмæ йыл хæрхæмбæлд фæци хъæуæххæсткомы сæр- дар Разиат. Уымæн ахæм рæстæг фидар лæууын æмбæлд, рыст адæймагæн хъуамæ ныфсытæ авæрдтаид, фæлæ сылгоймаг у, цыфæнды хицау куы уа, уæддæр. Скуыдта, æрбахъæбыс код- та Дадуйы. Уæдмæ дуканийæ рахызт колхозы бæхтæрæг Дзан- темыр цалдæр усимæ. Уыдон дæр тæфæрфæс ракодтой тæ- ригъæддаг усæн, стæй йæ Дзантемыр сæхимæ ныххæццæ кодта. ’ Дзаниффæ дæр хуыздæр уавæры нæ уыд. — Чызг, искуыдæр ма исчи афтæ кæны? Дæхи фæурæдтаис? Ам ьш хабар куы скъæрцц кодтай! — загъта уайдзæфгæпæгау 'Разиат посты хайадмæ бахизгæйæ. — Иæхæдæг мæм æрбацыд. Нæ лæппумæ, дам, мæ зæрдæ "’хсайы, хабар, дам, дзы куынæуал ис. Æз мæхи ныффидар кæ- нынмæ хъавыдтæн, фæлæ... — О, хæдæгай... Ныр æй фæхъуыды кодтон... Бахатыр кæи. Æмбарын дæ, дæуæн дæр зын у, Дзебаимæ фидыд куы уыдыг члут. Цы сæрæн, цы хъæлдзæг лæппу уыд! — Разиат. иу рæс- тæг фæхъус, аджих, æвæццæгæн, йæ зæрдыл æрбалæууыд йæ цардæмбал Дего дæр. Уымæй дæр ныр афæдзы бæрц писмо нæй. «Цы фæцис? Кæд æгас нал у, мыййаг? Чи зоны, кæд дзы æвзæр хабар уыдис, æмæ мын æй Дзаниффæ нæ хъæр кæны».— Уыцы хъуыдытæ йæ ацахстой æмæ йæ иуцасдæр нал суæгъд кодтой. Иæхи нал баурæдта ус: — Дзаниффæ, кæд, мыййаг, æз дæр ахæм уавæры дæн? Мæхæдæг архайын сау гæххæттытæ рæстæгмæ бамынæг кæ- пыпыл, цыма уымæй сæфт хæстонты бинонтæн фенцондæр уы- дзæн. Уæдæ цы чындæуа? Тæригъæд сын кæнын. Уадз æмæ уал æнхъæлмæ кæсой. Гъе, фæлæ кæд махоны цард аскъуыд, уæд мын æй зæгъ. — Ахæмæй ни-цы райстам. Разиат цæмæндæр хорз хабармæ æнхъæлмæ нæ касти, фæ- лæ йын Дзаниффæйы ныхæстæ уæддæр ныфсы хос фесты. Сау дарæс та скодтой хъæуы цæрджытæ. Ныр та сæ судзаг цæссыгтæ бахастой Бæрзауты хæдзармæ. Дзаниффæйæн дæр сыхæгты чындз Фаризæт кæмдæр ссард- та сау къаба æмæ сау сæрбæттæн. Зианджынтæм куы бацы- дьæты, уæд Даду ныттыхсти Дзаниффæйыл. Иæ хъарæгæй зæрдæтæ скъуыдысты: 71
— Æз дæумæ рагæй куы ’нхъæлмæ кастæн!.. Цин куы ’код- тон, фæндыры цагъд æмæ зарæгимæ нæ хæдзармæ дæ къах] æрбавæрдзынæ... Æмæ мæм ды та цæссыгтимæ куы ’рбацыд- тæ... Мæ бон бакалди! Æз дьгн разгæмттæ куы бахуыдтон æмæ- мæм ды та сауты куы фæзындтæ! Мæ бындур ныззылди! Былыхъæуы уæлмæрдты афтид ингæнтыл ма ноджыдæр бафтыди иу. Згъордтой бонтæ. Амæйразмæ хъæубæсты уыд дыууæ цæн- куылы — Дæццо æмæ Тотыр. Тæригъæддаг кастысты адæммæ. Ныр хæстæй сахъатæй чи сыздæхы, уый хъæубæстæ амондджын схонынц, æгайтма, дам, уæддæр йæ хæдзар ссардта. Уыцы амондджынтæй иу уыдис Фараты Бубу. Смоленскмæ хаэстæг ын знаджы бомбæйы схъис йæ галиу цонг рæмбыныкъæдзæйг æддæмæ ахаста. Æвæццæгæн, уыцы цау рахиз къухæй хъыг- дæр никæмæн уыдис. Ныр ын бирæ фæзындæр. Галиу къухьг куыстытæ дæр уый æххæст кæны. «Уæддæр, табу хуыцауæн, æгайтма рахиз къух æнæхъæнæй баззади, науæд цы митæ код- таин? Галиуæй кæд сахуыр уыдаин фыссын? Фæлæ æппæтæйг хуыздæр у, æгасæй мæ хæдзарыл кæй сæмбæлдтæн, уый». Ахæм хъуыдытæ-иу арæх æрбайстой сæхи Бубумæ. Лæппуйы фæндыд хъæубæстыл азилын, Фарныхъæумæ бауайын йæ ма- дырвадæлтæм, фæлæ та-иу æй йæ мад Лазикка бакъуылымпьг кодта. — Ацы æртæ, цыппар боны бабыхс. Сыхæгтæ, хъæуккæгтæ* дæу фенынмæ цæуынц, æмæ... Фаратæ посты хайадмæ æввахс цардысты. Иу бон постхæс- сæг Гагыдæ Дзаниффæйæн афтæ: — Цом-ма, мах дæр Бубуйы фенæм, раарфæ сын кæнæм. Дзаниффæ фæраст йемæ. Бубуйы баййæфтой сæхимæ. Быруйы рæбын фæйнæгæй конд бандоныл бадт йæ хо Азæимæ. Цæуыл- дæр зæрдиаг ныхас кодтой. — Алыбон æгас цу, бæлццон! Хуыцауæн, Лæгтыдзуарæ*г скувын хъæуы! Дæ хæдзарыл сæмбæлдтæ! — Дардæй дзургæ- бацыд Гагыдæ, стæй куы бахæццæ Бубумæ, уæд æй æрбахъæ^ быс кодта. Дзаниффæ та йын йæ къух райста. Уый фæстæ бауа- дысты хæдзармæ дæр. Федтой Лазиккайы. Арфæтæ йын ра- кодтой. — Уый кæй чызг у? — Афарста Бубу йæ хойы. — Голиты Иласы чызг. Посты хицауæй кусы. — Фæлæуу, фæлæуу, кæд ма исты зонын, уæд йæ пом Дза~ ниффæ у. Иæ мад та Маска хуыйны. — О, Дзаниффæйæн сидзæргæс фæбадти. — Хъæуыбын цæрынц. Æз уæд хыгъдхæссæгæй куыстон æр- тыккаг бригады, уый та фæндзæм къласмæ цыди. Иухатт мæ куадзæн бон Маска сæхимæ бахуыдта æмæ ацы чызг уæд сæ- пъолтæ æхсадта, мæнæн дæр мæ цырыхъытæ асæрфта хуылыдз^ харцъилæй. Цъыф рæстæг уыд, æмæ... Цæййас аци! Рæстæг куыд тагъд тæхы! — Тынг дзæбæх чызг у. Æгъдауджын, æмбаргæ, сæрæн;. 72
уындджьш, хъæлдзæг... æз ын цы уарзтон... Куы-иу бахудти,- уæд-иу йæ уадултæ мидæмæ бадзыхъ сты. Фæлæ йæ ныр ни- куал федтон худгæ. — Цы кодта? — Бæрзауты Дзеба йæ ракурынмæ хъавыд. Минæвæрттæ- сæм ^барвыста, фæлæ... Дыккаг бон æм æфсадмæ фæсидтысты. Стæй... Фарон дзы марды гæххæтт ссыд. Æмæ чызг уæдæй- нырмæ йæхимæ ныхъхъуыста. Сау гæххæттытæ ма ацы аз бирæ’ хæдзæрттæм ссыд. Куыд фехъуыстон, афтæмæй ссæдзы бæрц. сты, фæлæ се ’ппæт нæма схъæр кодтой. Хъæуæххæсткомы сæр- дар^Разиат дæр сæ зоны, æмæ сæ дыууæ дæр уыцы æнкъард’ вæййынц. Дзаниффæйæн йæхи рыст æгъгъæд нæу æмæ ма йын уыцы сау хабæрттæ йæ хъыг фæуæззаудæр кодтой. — Нырма хæст йæ тынгыл у. Уыцы сау гæххæттытыл ма* иоджыдæр бафтдзæн. Гъе, мæ хо, мæ хо, хæсты быдыр адæй- маг йæхи цæстытæй куынæ фена, уæд... Дæ алыварс — мæрд- тæ... Дæ размæ туджы — кæлдтытæ. Абырыдтæ ууылты дæ фа- зыл размæ. Сæр уæлæмæ сдарæн нæй знаджы пулеметты нæм- гуытæй. Иу рæстæг сæххормаг дæ. Уырдæм дæм чи хъуамæ* бахæсса хæринаг? Дæ фарсмæ цы мард ис, уый хызын байгом кодтай. Систай дзы дзулы кæрдих. Ныхъхъæбæр. Митыл æй; ауымæл кодтай æмæ йæ хæрыс... — Мауал мын сæ дзур, мæ уæнгтæ ныддыз-дыз кодтон. Амондджын дæ, Бубу, уырдыгæй чи раирвæзт,— загъта Азаг æмæ йе ’феымæры цæсгоммæ нымдзаст. ~ Колхозы нæ фаг кодтой кусæг къухтæ, специалисттæ. Уый’ æмбаргæйæ, Бубу къуыри дæр не суагъта йæ фæллад. Кусын райдыдта бригадирæй. • Колхозы правлени посты бæстыхаймæ хæстæг уыд. Арæх- иу бауад Бубу уырдæм. Иухатт постхæссæг Гагыдæ Дзаниф- фæмæ хинхудт бакæнгæйæ афтæ зæгъы: — Бубу ардæм цыдæр арæх æрбауайы. Уый уал дын æн- дæрæбон къонверттæ балхæдта, знон райсом æй клей бахъуыди,. абон та маркæтæ ахаста. Уыимæ куыддæр дуарæй æрбахизы, афтæ йæ цæстытæ дæуыл аныхæсынц, цыма ам дæу йеддæмæ’ цъиуызмæлæг нæ вæййы. Уый хуымæтæджы нæу. Æнхъæлдæн æмæ дæ йæ уарзты цыргъ фатæй фæцæф кæнынмæ хъавы. Ай- фыццаг сæм арфæтæ кæнынмæ куы бацыдыстæм, уæддæрдæм* нымдзаст. Æмæ нæ фæрæдыд Гагыдæ. Рацыдаид мæйы бæрц æмæ- Бубу раргом кодта йæ сусæгддзинад. Хорз зыдта, постхæссæг газеттæ, журналтæ æмæ фыстæджытæ уарынмæ цафон ацæуы, уый, æмæ уыцы рæстæг фæраст посты хайадмæ. Бакаст дуарьг зыхъырæй. Куыд хъуыды кодта, афтæ рауад. Дзаниффæ уыдис’ иунæг. Знон æмæ сæм абон райсомæй нырмæ цы писмотæ’ æрæмбырд, уыдоныл æвæрдта штамп, цæттæ сæ кодта1 арви^- тынмæ. — Дæ бон хорз, Дзаниффæ! 73
— Æгас цу, Бубу! — Дзуапп радта чызг æмæ дарддæр йаё; жуыст кодта. — Хорз у, иунæг кæй дæ, уый. — Уый дын цавæр ныхас у? Иунæг хорз кæд уыд? Гъеныр мæнæн æфсымæр кæнæ хо куы уаид, уæд... — Æз ахæм хуызы нæ загътон. Мæнæ ныртæккæ иунæгæй :дæ, æмæ... — Æмæ уый дæр цас хорз у? Цæмæн дæ фæнды афтæ, æмæ мæ цуры мачи уа? Бубу исдуг фæхъус, цыма æддæмæ хъуыста, змæлæг ис æви нæ, уый базоныны тыххæй, æмæ зæрдæхсаинагæй куы ницы раиртæста, уæд Дзаниффæмæ хæстæгдæр бацыд. Чызг штамп .æрæвæрдта стъолыл æмæ æнахуыр каст бакодта Бубумæ. Йæ цæсгомыл зынди тарст дæр æмæ цымыдисдзинад дæр. Ахъ- уыды кодта: «Кæд æм исты æвзæр фæнд ис. Уæвгæ, уæд дуар фæсте къæпсырæй ахгæдтаид, науæд та мын исты зæгъинаг у хибарæй». Дыккаг хъуыды йæхицæн фæндаг айгæрста Бубуйы зопдæй: — Дзаниффæ, мæн дсмæ ис... Абон æз хъуамæ демæ аны- .хас кæнон. — Цæй тыххæй? — Дардыл нæ дзурдзынæн. Исчи мæ бахъыгдардзæн. Æз хæсты уæвгæйæ бамбæрстон, адæймаджы цард куыд цыбыр у, уый. Хъуыды ма кæнын, фæсхæст сдойны стæм. Цыппарæй ма иæм иу къубускайы дзаг баззади дон. Нæ хистæр Лебедев аф- тæ: «Дон кæстæрæй фæнуазынц». Æмæ Селивановмæ бадардта къубуска. Уый йæ куыддæр йæ дзыхмæ схаста, афтæ йæ сæ- рыл нæмыг сæмбæлд æмæ æд къубуска ахауди. Ничиуал ба- куымдта ме ’мбæлттæй уыцы донæй нуазын. Æз хæцæнмæ уыдонæй раздæр бахаудтоп. Ахуыр уыдтæн ахæм нывтыл. Рай- ^стон къубуска æмæ мæ дойны суагътон. Стæй... Ног цинел ыл уыд æмæ йæ мæхионæй аивтон. — Цы фидар зæрдæйы хицау дæ! — Адæймагмæ мæлæт æрвылбон февзид-февзид куы кæна, -уæд уыдæттыл нал фæхъуыды кæны. О, мæ ныхас уый фæдыл ракодтон... Цард цыбыр у. Æмæ архайын хъæуы ууыл, цæмæн адæймаг цалынмæ æгас у, уæдмæ... — Цыдæр зæгъинаг дæ, æмæ... — О. Мæ ныхас фæбæлвырддæр кæндзынæн. — Гъемæ хорз уыдзæн. — Дзаниффæ, æз фехъуыстон хабæрттæ. Зын мын уыди, ^Дзеба... Фæлæ... Æвæццæгæн ын Хуыцау йæ хъысмæт афтæ <сныв кодта. Мардæн райгас кæнæн нал ис, æгас адæймаг та хъуамæ дарддæр йæ царды кой кæна. Æз сфæнд кодтон... — Гъеныр дæ бамбæрстон. Хорз уаид, дæ ныхæстæн кæрон куы скæнис, уæд. Уыцы хъуыддаджы фæдыл мæм макуал æр- сбацу. — Дзаниффæ... Ахъуыды кæн. Ау, ныр уый нал ис, зæгъгæ, 74
уæд мой кæнынмæ нал хъавыс? Уымæй мардæн нæ фенцондæр уыдзæн. Дзаниффæйы цæосыгтæ фемæхстысты. — Дæ хорзæхæй, зын мын у. Ацу. — Гъемæ хорз. Бахатыр кæн, кæд исты, мыййаг, куыд не ’мбæлд, афтæ загътон, уæд. Цæуын æз, фæлæ... Мæ ныхас кæ- ронмæ нæ фæдæн. — Цæмæн дæ фæнды æмæ дæм тызмæгæй сдзурон. Ныууадз мæ! Бубу ацыди. Дзаниффæ йæ цæсеыгтæ ныссæрфта. Сбадти стъолы уæлхъус. Райста ручкæ æмæ гæххæтт. Иуварсæй бакæс- гæйæ афтæ зынди, цыма истытæ фыссы. Фæлæ иу рæнхъ дæр нæ ныффыста, стæй хъуыдыты афтæ арф аныгъуылд, æмæ йæ бон нæ бауыдаид дамгъæтæ кæрæдзийы фæдыл равæрын. Иæ цæстытыл ауад ахæм ныв. Иу сæрдыгон бон сихормæ æввахс тыхджын къæвда рацыд. Изæрырдæм Майрæмададжы дон æвирхъау ивылд ракодта. Уарын, æвæццæгæн, хъæды тых- джындæр уыд. Дон згъордта бур лакъонæй. Йемæ ласта бæ- лæстæ, къуындзихтæ, фæйнæджы гæбæзтæ... Суанг ма иу ран былмæ раппæрста боцкъа æмæ зæронд хъæдын сынтæг дæр. Хъæуы цæрджытæй бирæтæ рацыдысты доны былмæ æмæ дис- гæнгæ кастысты знæт уылæнтæм. Иурæстæг къæвда фенцади. Колхозонтæ бричкæты, уæрдæтты æмæ фистæгæй здæхтысты быдырæй хъæумæ. Кæмæ æхсырф уыд, кæмæ цæвæг, кæмæ са- гой, мæнæугæрдæнты куыд вæййы, афтæ. Иу рæстæг кæйдæр тарст хъæлæс азæлыд: — Рæвдздæр ахизут хидыл! Дон могор фæхæры! Бричкæ- ты æмæ уæрдæтты тахтыл цæст нал хæцыд. Сæ фæдыл ный- йарц сты фистæг адæм дæр. Уалынмæ фæцыд æмыр гуыпп æмæ доны тыхджын цæллахъ. Æркалд бæрзонд могор. Хидыл нал уыд æрбацæуæн. Фæзынд цалдæр машинæйы. Иу шофыр йæхи фæныфсджын кодта. Цæхгæрмæ нæ, фæлæ дон-дон зу- лаив сарæзта йæ «Полуторкæ». Æрбаирвæзт. Бафæзмыдта йæ иннæ шофыр, фæлæ йæ «балц» нæ фæрæстмæ. Машинæ-иу мал- гонды афардæг. Дон суанг кабинæмæ бакалд. Шофыр æмæ йе ’мбал æрбаленк кодтой былмæ. Иннæ машинæтæ фæстæмæ аздæхтысты сосавæндагыл. Уалынмæ фæзынд иу бричкæ. Бæх- тæскъæрæг Дзантемыры фарсмæ бадт Маска, гуыффæйы кæр- дæджы сæрыл та — Дзаниффæ. Маска куыста хæринаггæиæ- гæй æмæ-иу скъолайы каникулты рæстæг Дзаниффæйы йемæ .акодта. Фæкаст-иу картофтæ стигъыпмæ, тæбæгътæ æхсынмæ. Адæм сæм дисхуызæй кастысты иннæ фарсæй, уæдæ цы кæн- дзысты, зæгъгæ. — Фæстæмæ аздæхут! Ахсæв быдырон станы бахсæвиуат кæндзыстут! — Ныхъхъæр сæм кодта чидæр. Фæлæ йæм Дзан- темыр нæ байхъуыста. Уый дæр шофыртæй иуы хуызæн йæ бричкæ зулаив фæцарæзта доны дæлæмæ. Бæхты къæхтæ, æвæц- цæгæн, зæххыл нал æндзæвыдысты, бæрæг уыд, ленк кæй код- той, уый. Иу ран лæг бæхты фæзылдта былгæронмæ, фæлæ сæ 75
размæ фæци цæхгæр хæрд æмæ ’бричкæ сæппарын сæ бон нæ* баци. Дон хæрын райдыдта цæлхыты бын уæгъд хуыр4 СхæцЦæ- бричкæйы гуыффæмæ. Иу рæстæг фæфæлдæхт. Уый æнхъæл ничи уыд. Дзантемыр æмæ Маска бæхты постаронкæтыл ныф- фидар сты, Дзаниффæ ныххауд знæт донмæ. Райхъуыст йæ цъæхахст. Ленк кæнын нæ зыдта æмæ-иу куы доны бын фæцй, куы та-иу æй уылæнтæ хæрдмæ сæппæрстой. Уыцы рæстæг адæ- мы ’хсæнæй рагæпп кодта иу лæппу. Ныййарц доны былгæрæт- ты дæлæмæ. Фæразæй Дзаниффæйæ. Иу ран йæхи донмæ бав- зылдта. Бахæццæ чызгмæ. Рацахста ’йæ йæ иу къухæй, иннæ- мæй та ленк кодта. Уый уыди Дзеба. Æрбахæццæ сты былгæ- ронмæ. Чызг йæ уагыл нал уыд. Лæппу йын йæ астæуыл фæ- хæцыд, фелвæста йæ хæрдмæ, йæ сæр бынмæ, афтæмæй. Хъæ- лæсæй дон цыхцырæгау ныллæууыд. Уæдмæ нызгъордтой ин- нæтæ дæр. Иу рæстæг йæхи æрæмбæрста Дзаниффæ. Бричкæйы. йæ аластой сæхимæ. Уый фæстæ Маска Дзебайæн балæвар кодта хæдон æмæ> къепкæ. Уæдæй цалдæр азы куы рэцыд, Дзеба йæ уарзондзи- над Дзаниффæйæи куы бамбарын кодта, уæд чызг афтæ зæгъы: — Цы диссаг дæ? Æвæццæгæн мæ уымæн фервæзын кодтай.. — Бауырнæд дæ, уæд мæнмæ ахæм æнкъарæнтæ нæма уы- ди. Дæуыл уæд цыди фынддæс азы, мæныл та — æртæ æмæ ссæдз азы... Уыцы къуыри ма Бубу иу хатт йæхи байста посты хайад- мæ, фæлæ йын Дзаниффæ ацы хатт дæр йæ зæрдæ ницæмæй барухс кодта, æмæ уæд лæппу йæ фыдыфсымæримæ йæ хъуы- ды фæхæццæ кодта хæдзары хистæр Маскамæ. Изæры фæскуыст Дзаниффæ сæхимæ куы бацыд, уæд æм мады ахаст цыдæр фæлмæн фæкаст. Цалынмæ æхсæвæр код- той, уæдмæ дзы къорд хатты фехъуыста ахæм дзырдтæ; «Мæ- хур», «Мæ къона». Фæлæ уæддæр чызг райдианы уыцы ныхæс- тæм йе ’ргом ницы уыйбæрц аздæхта, стæй йæм мад хæстæг- дæр куы бабадт æмæ йæ дзыхæй Бубуйы ном куы сирвæзт,. уæд бамбæрста, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый. — Мæ къона, мæ цардвæндаг дын дзурын нæ хъæуы. Рай- дианы мæм амонд бахудти, стæй мæ фыдызнагау ралгъыста. Æмæ ма æлгъыст дæр æлгъысты хуызæн куы уыдаид. Дæ фыд хæсгæ мард фæцис. Иумæ цæрынæй нæ бафсæстыстæм. Ныр ды дæр мæ хал ахордтай. Уастæн, нæ тæригъæд куы фæхæс- сид нæ хъысмæттæ сфæлдисæг! Дæ фыды амарды фæстæ мæ- нæн мæ цард фендæрхуызон гæнæн нал уыди. Ме уæнгтæ баст уыдысты. Кæмæн дæ ныууагътаин? Дæуæн дæ зындзинад чы- ’ сыл къаддæр у. Хæсгæ дæ нæ акодта Дзеба. Цот дын дзы нæ баззад. Æндæр искæй дæр афтæ бауарздзынæ, æрмæст дæ фе- рох кæнын хъæуы Дзебайы. — Æмæ мын кæй уарзын кæныс? ,— Кæй куы зæгъай, уæд... Демæ куы ныхас кодта. Бубуйæ зæгъын. — Æз æй дыууæ хатты арвыстон æнæ дзуаппæй. 76
— Мауал бакæн афтæ. Акæс-ма дæ алыфарсмæ. Цас чыз- .джытæ ис? Фæлæ сыл иу сдзурæг нæй. Тæригъæдæй марынц. Æмбарын дæ, рыст у дæ зæрдæ, фæлæ фæразын хъæуы. Кæд дæ’ацы хатт нал бафхæрид Мадымайрæм. Табу иннæ зæдтæн дæр. Бубу дæр дзæбæх лæппу у. Иæ уынд —уынд, йæ дзыхы дзырд — дзыхы дзырд. Къух ыл нал ис, фæлæ... Иннæтæ дæр -тугкалæн хæстæй афтæмæй куы сыздæхиккой... Лæппу ма иу хатт хатджытæ барвыста, æмæ сын уæд Дза- ниффæ разыйы дзуапп радта. Уыцы изæр хабар æрцыд Дзебайы ныййарджыты хъустыл. 'Сæ фырты фесæфты хабары фæстæ сыл ауад дыккаг къæрцц. Дадуйæн йæ хуыссæг фæлыгъд. Фæсæмбисæхсæвтæм сынтæджы графт-бафт фæкодта. Баз ныххуылыдз цæссыгтæй. Афæлдæхта йæ иниæрдæм. Бонырдæм чысыл арæдзæ-мæдзæ кодта. Иæ <фыны та федта Дзебайы æмæ йæм йæ цæссыгтæ сæрфгæйæ дзуры: — Мæ хъæбул, зын дын уыдзæн, фæлæ дын æй уæддæр зæгъоп: Дзаниффæ чындзы цæуы. Бафидыдтой Фараты Ципо- йы фыртимæ. Дæумæ иал смой кæндзæн. Ды мард дæ. Нæ, ’фæлæ диссаг!.. Мардæй ма дæ къæхтыл куыд цæуыс? — Дыдта, ма тыхс. Æз мæрдты бæсты иунæг нæ дæн. Мæн хуызæн æдзард лæппутæ уым бирæ ис. Фæлæ ма мын зæгъ, дыдта, мардæн хъуыддаг кæнæн нæй? — Нæй, мæ хъæбул, нæй. Цæмæн дæ хъæуы уый, æмæ дын мард цот рацæуа. — Уæдæ уæд ницыуал зæгъын, дыдта. Ныр æз Дзаниф- ’фæйы фенон. Зæгъдзынæн ын: «смой кæн Бубумæ». Мад фехъал. Бонмæ нал бафынæй. Радзыр’дта йæ фын Адæбейæн. — Усай, цы ’рцыд, уый æрцыд. Æрмæст мах нæ бацарæф- тыд стæм. Дæ фырт дын фыны йæхæдæг куы загъта, уыцы ду- нейы мæн хуызæттæ бирæ ис, зæгъгæ. Нæхи ныффидар кæнæм, гъеуый нæ хос. Уымæй рацыдаид къуыри. Голиты дуармæ чындзхæсджытæ гкуы ’рлæууыдысты, фæндыры цагъд Дадуйы хъустыл куы ауади, уæд та усы цæссыгтæ хъарм суадæттау аивылдысты уадултыл. — Нæ лæг, æз пыккæндмæ ныххизоп. Зын мын уыдзæн уыдонмæ хъусын. — Дæхи схъарм кæн, уазал дзы у,— загъта Адæбе æмæ усмæ йæ дæрдджын телогрейкæ радта. Уыцы рæстæг кулдуар бахостæуыд. Лæг акаст æмæ федта Маскайы, стæй Бубуйы фыдыфсымæр Бесолы. — Дæ бон хорз, Адæбе! Æмбарæм уын уæ хъыг, уæ рисс... ’Цы гæнæн ис, ’Хуыцау адæймагæн цы хъысмæт снысан кæна, уымæй йын аирвæзæн нæй. Мах ахъуыды кодтам, æмæ... Ар- дыгæй-ардæм... Зын дын уыдзæн, уæ чындзаджы уын мах... Рауад афтæ. ’Нæ уæлхъус куы ’рбалæууис, уый нæ фæнды. ^Уæндгæ дæр дæм нæ кодтам, фæлæ... Ау, туджджынтæ дæр ма 77
куы бафидауынц. Мах æхсæн та ахæмæй ницы ’рцыд. Афтæ мæм кæсы, æмæ уыцы чызг йæ фыды уæларт бадгæйæ куы баззадаид, уæддæр уын æхсызгонæй ницы æрхастаид. Цард цард у æмæ йæ кæнон кæны.— Балхынцъ кодта йæ ныхас Бё- сол. — Бузныг де ’рхъуыдыйæ, Бесол. Хуыцауимæ хæцæн нæй. — Ныббарут нын, Адæбе... Бæргæ нæ фæндыд уемæ хæстæг- дзинад бакæнын, фæлæ...— ныхас айста Маска.— Фæнды нæ, немæ куы уаис, уый. Уæдæ ам дæр куыд баддзынæ? — Хорз. Мæнæ мæ дзауматæ раивон,— загъта Адæбе æмæ хæдзармæ бацыди. Бадты адæм нозтæй бахъæлдзæг сты. Чидæртæ зарæг си- сынмæ рахъавыдысты, фæлæ та-иу Адæбейы ауынгæйæ сæхи фæурæдтой. Бамбæрста сæ Адæбе æмæ йæхæдæг Уастырджи- йы зарæг ныццæлхъ ласта. Иæ зæрдæ та мидæгæй кæугæ кодта. Уыцы бонæн рацыдаид афæдзы бæрц æмæ хæст банцад. Æгæстæ здæхтысты сæ хæдзæрттæм. Тæхуды сæм кодтой, сæ бæлццæттæ тохы быдыры кæмæн баззадысты, уыдон. Сæ бон- тæ æнкъардæй æрвыстой Дзебайы ныййарджытæ дæр. О, фæ- лæ сæ зæрдæты цы хъыг бамбырд, уый иу æхсæв асаха, Дзеба сæм дуар куы бахоста, уæд. Райсомы хабар айхъуыст сыхыл, хъæубæстыл. Кæрон нал уыд арфæтæн, цинтæн. Дзаниффæйы æхсыдтой æнкъард хъуыдытæ. Дзебайы зæр- дæ йыл фæхудт, афтæ тагъд кæй смой кодта, уый тыххæй. Фæ- лæ уæддæр лæппуйæн йæ уарзондзинад цырагъау сыгъди фыц- цагау. Нæ куымдта ахуыссын кæнын. Фæндыди йæ Дзаниф- фæйы фенын, афæнд-иу кодта посты хайадмæ суайын, фæлæ та-иу йæхи баурæдта. Дзаниффæ та Дзебайы феныпмæ бæл- лыди. Фæлæ кæм? Куыдæй? Иу бон Дзеба ацыд районмæ. Уым æй хъуыддæгтæ уыдис. Бирæ бафæстиат æфсæддон комиссарады. Уый фæстæ та райо- ны рухсады хайадмæ бацыд. Хъуамæ кусын райдыдтаид скъо- лайы директорæй. Зымæгон бон цыбыр куыннæ вæййы. Талынг та уайтагъд фæзынд. «Кæд ма исты машинæ фæуид, науæд мæ пæхимæ фистæгæй цæуыи бахъæудзæн»,— уыцы хъуыдытимæ Дзеба атындзыдта, сосавæндаг сæ хъæумæ кæм фæсаджил, уыцы фæ- зилæнмæ. Чидæр ма дзы лæууыдис чысыл фалдæр. Нæлгоймаг уыд æви сылгоймаг, уый зын раиртасæн уыд мигъы. — Кæцы дæ? Ды дæр Былыхъæумæ ма цу? — бадзырдта йæм Дзеба. Уыцы ныхасмæ сау æндæрг йæ бынатæй фезмæлыд. Хæс- тæгæй-хæстæгдæр æм кодта. Фæбæрæг. Сылгоймаг уыд. Се ’хсæн ма цыппар-фондз санчъехы куы баззад, уæд скæуæгау кодта: | — О, Хуыцау!.. Цы дын кодтои?! — æмæ ныттыхстн Дзе- байыл. 78
Уый уыди Дзаниффæ.' ’ ’ ■ ’ Сылгоймаг дæр, чи зоны, хъуыддаджы фæдыл сæфтыд рай- онмæ, науæд та йæ хъустыл æрцыд: «Дзеба районмæ фæцæуы». Æмæ уый дæр йæ фæдыл фæраст.. Дзеба æмбæрста, Дзаниф- фæ къæмдзæстыг кæй у, уый, æмæ йыц, цæмæй фенцондæр уыдаид, уый тыххæй афтæ бакодта: — Ма риссын кæн дæхи. Ацы дуне æнæнхъæлæджы цаутæйг йе дзаг у. Мæ зæрдæ дыл иæ худы. Фæлæ... Мæн аххос дæр нæ- уыд. Цалынмæ уацары бахаудтæн, уæдмæ дæм фыстоп. Стæн уацарæй куы ралыгъдыстæм, уæддæр ма ныффыстон цалдæр писмойы. Нæхимæ мын загътой, ницы, дам, райстам. — Æз дæр ницы райстон. Мæнæ нæ хъуыддæгтæ куыд ныс- суйтæ сты! Нæ тæригъæдæй уыцы хæстракъахджытæ бынты бын бауæнт! Мæ мад дæр æнæ аххос нæу! Цæмæн æм байхъуы- стон? Уый мæ æртасыи кодта, æндæр æз...— йæ цæссыгтæ сæрф- гæйæ дзырдта Дзашгффæ. Уалынмæ сæ цуры æрлæууыд иу гуыффæджын машинæ. — Хъæумæ цæут?! — кабинæйæ сæм рахъæр кодта шофыр.. — Хъæумæ, хъæумæ! — Дзуапп радта Дзеба æмæ Дзаниф- фæйæн аххуыс кодта гуыффæмæ хизын, стæй йæхæдæг дæр’ рæвдз схызти. Уæдæй рацыдаид мæй, мæй æмæ æрдæг, афтæ иу изæр Дзе- баты кулдуар бахостæуыд. — Кæцы дæ?! Мидæмæ рацу! Куыдз нæм нæй! — радзырд- та йæм кæртæй Дзеба. — Бузныг! Кæд дын зын нæу, уæд ма æддæмæ ракæс! Ны- хасæн мæ хъæуыс! Дзеба йæ базыдта йæ хъæлæсæй. Уый уы- дис Бубу. «Ам цыдæр ис, хуымæтæджы мæ нæ агуры»,— ахъ- уыды кодта Дзеба. — Æнхъæлдæн, Бубу дæ? — радзырдта кæртæй. — Гъеуый дæн. Де ’зæр хорз!. — Кæй изæр у, уый хорзæх дæ уæд,—загъта Дзеба æмæ Бубуйы’къух райста.— Хъусын дæм. Бубу ардæм куы цыди, уый размæ куыннæ ахъуыды код- таид, йæ зæгъинæгтæ цæмæй райдайдзæн, стæй сæ цæуыл фæ- уыдзæн, фæлæ ныр нал æмæ нал ардта фыццаг дзырд. Æрæ- джиау йæ афтид дысмæ ацамыдта: — Кæсыс, хæст мын цы бакуыста, уымæ? Ды дæр чысыл зындзинæдтæ нæ бавзæрстай, фæлæ уæддæр... зонын Дзаниф- фæйы кæй уарзтай. Уарзта дæ уый дæр. Стæй... Мæнмæ азым ма хæсс. Афтæ рауад, æмæ... — Æмæ æз куы пицы зæгъын. — Уый афтæ у, фæлæ... — Фæлæ, цы? — Ды цы бон сыздæхтæ, уæдæй фæстæмæ Дзаниффæ йæхи хуызæн нал у, йе ’ргом мæм нал дæтты. Тæрсын, нæ цард куы фехæла, уымæй. Бамбар мæ, æз дæм æвзæр зæрдæ никуы дардтои. Уыпыс мæ, æз сахъат адæймаг дæи, ды та... Дæуæн цыфæнды чызг дæр сразы уыдзæн. Ма мын фехал мæ цард, 7*
„Хуыцауæй курæгау дæ курын.— Бубу исдуг фæхъус, стæй ба- каст Дзебайы цæсгоммæ, фæндыд æй, йæ ныхæстæн ын куыд ,аргъ кæны, уый базонын. Фæлæ талынджы уый уыдис зын граиртасæн.— Ферох лсæн Дзаниффæйы. Хъæубæсты чысыл нæй дзæбæх чызджытæ. Равзар дзы искæй. Дзеба лæууыд æнæдзургæйæ. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу, йæ уæхсчытыл уæгъд æппæрст кæй æрбакодта, уыцы цинелы цæл- ’пузыртæ æнгуылдзы ныхæй бакъуырцц-къуырцц кодта. Бæрæг уыд, йæхимидæг кæй тыхсы. — Бахатыр кæн, уазалмæ дæ фæлæууын кодтон. Ныр хæр- ,-зизæр рау! — загъта Бубу æмæ уæлæмæ араст сабыр къах- .дзæфтæгæнгæ. Уыцы æхсæв æрæгмæ бафынæй Дзеба. «Хъæубæсты чысыл нæй дзæбæх чызджытæ. Равзар дзы искæй»,— Бубуйы уыцы ныхæстæ ма æппынæрæджиау дæр йæ хъусты зæлланг кодтой .дзæнгæрджытау. «Æфхæрд, сахъат адæймаг. Куыд ын фехалон йæ цард? ’Фæцæуон ардыгæй. Уадз æмæ кæрæдзи ма уынæм Дзаниф- .фæимæ. Афтæ хуыздæр уыдзæн»,— Уыцы хъуыдытæ Дзебайы уæгъд нал уагътой бон дæр æмæ æхсæв дæр. Дзеба рахабар :кодта ныййарджытæн, мæ куыстæй мæхи исын æмæ горæтмæ цæуын, зæгъгæ. Мад æмæ фыд джихауæй баззадысты. Адæбе загъта, бар йæхи, куыд æй фæнды, афтæ бакæнæд. Фæлæ Да- ду ничердæм разы кодта Дзебаимæ: — Мæ хъæбул, уыцы сау хабары фæстæ нырма дæ уындæй куынæ бафсæстыстæм, уæд кæдæм цæуыс? Æниу горæты ахæм куыст ссардзынæ? Скъолайы директоры бынат афтæ уæлæнгай у? Нæ, нæ, æз дæ никæдæм ауадздзынæн. Стæй мах кæмæн уадзыс, ам? — Æруайдзынæн-иу уæм хуыцаубонты. Мæ бон цы уа, -уымæй уын æххуыс кæндзынæн. Стæй Амииæт дæр ам иæхи хъæуы цæры. Уæдæ ма чызг цы монцæн фæхъæуы? — Нæ чызг, далæ йæхæдæг фæкæсинаг куы у. Сывæллæт- ты бын фæци. Махмæ йæ æвдæлы? Стæй мах нырма нæхи да- рынхъом стæм, фæлæ хъуыддаг ууыл нæу. — Бамбарут мæ, Бубу мын ныллæгъстæ. кодта... Тæрсы, сæ цард куы фехæла, уымæй. — Æмæ Бубу ацæуæд йæхæдæг исчердæм Дзаниффæимæ. .Маскайы дæр акæнæнт семæ,— нал баурæдта йæхи Адæбе. — Бубумæ ахæм фæнд уыдис, фæлæ Дзаниффæ не сразы,— загъта Дзеба æмæ ма йæ ныхасыл бафтыдта — æз куы сыздæх- тæн, уæдæй фæстæмæ, дам, се ’хсæн иудзинад нал ис. Дзаниф- фæ чысыл ницæй тыххæй дæр лæгæн смаст кæны. Сахъат адæй- маг у, æмæ ма йæ уыцы маст ноджыдæр... Районы ахуыры хайады сæргълæууæг Булат дæр джихауæй баззад, Дзеба йын куы бамбарын кодта, мæ куыстæй цæугæ кæнын, зæгъгæ, уæд. «Рæдыйыс, Дзеба!» — уыцы дыууæ дзыр- .ды цалдæр хатты сирвæзтысты йæ дзыхæй. Скъолайы директор ао
архайдта афтæ цæмæн сфæнд кодта, уый базоныныл, фæлæ йæ къухы шщы бафтыд. Бирæ нал бафæстиат йæ райгуырæн хъæуы Бæрзауы-фырт. Горæтаг баци. Дзæуджыхъæуы скъолатæй иуы кусын райдыд- та историйы ахуыргæнæгæй. Уыцы фæззæг бакодта хъуыддаг дæр. Ракуырдта, фатеры кæмæ цард, уыдоны хæстæджы. Бу- буйæн тынг æхсызгон уыд, Дзеба хъæуæй кæй ацыд, уый, но- джы йын æхсызгондæр та уыдис, ус кæй ракуырдта, уыцы ха- бар. Цымæ Дзаниффæ та куыд хъуыды кодта уыцы рæстæг? Чи зопы афтæ: «Цæмæн мæ ныууагъта Бубуимæ цæргæ? Цæ- уылнæ мæ акодта ардыгæй? Куырдуаты куы бадтæн. Хæст куынæ уыдаяд, уæд мæ куы ракуырдтаид. Фæраст горæтмæ Бубуйæн тæригъæдгæнгæйæ. Æмæ Бубу уæд уый сæр цæуын- нæ ахъуыды кодта? Фæдис уыд? Хæсты фæудмæ æнæ усæй нал фæрæзта? Цæмæн батагъд кодтон? Уацарæй куы ралыгъд, уæд мæм цы писмотæ сæрвыста, уыдон куы райстаин, уæд хъуыд- даг афтæ нæ рауадаид. Ноджы ма æвæстаг дæр куы фæуæм! Ныронг нын цот нæй лæджы аххосæй. Хуыцау кæд искæй рал- гъыста, уæд — мæн». Дзебайы æфсин уындхъуаг нæ уыд, фæлæ йын Дзаниффæ уæддæр æндæр ад кодта. — Дæ хорзæхæй, уыцы Дзаниффæ дын чи у? Фыны йæ кой арæх кæныс.— Иу райсом Дзебайы бафарста йæ бинойнаг Уæлга. Дзеба йыи цыдæр æфсон скодта, стæй йæхиуыл æрхудт: «А’бон куынæ уа, уæддæр æй райсом базондзæн. Цæй æмæ йыи æй схъæр кæноы. Сайын$хорз нæу». Æмæ æппæт дæр радзырдта йæ бинойнагæн. Райдианы ус æдас нæ уыд, тарсти, йæ лæг фæстæмæ Дза- ниффæйы ’рдæм куы фæкъул уа, уымæй. Уалынмæ йын рай- гуырд чызг, стæй та — лæппу. Уæлгайæн йæ мæтæй дыууæ стыр къæртты ахауди. . Æндæрхуызон рауад Дзаниффæйы хъысмæт. Цот ын нæ рацыд. Иуахæмы сфæнд кодтой сидзæрдонæй саби райсын, фæлæ сын уый дæр нæ бантыст. Уæдмæ амард Маска. Уымæй цалдæр азы фæстæ Бубу йæ уыргтæй æррынчын. Бирæ нал ахæсдзæн, уый куы базыдта, уæд иу бон Дзаниффæмæ фæ- дзырдта: — Дзаниффæ, ныронг дæ иу сусæгдзинад æмбæхстон, æмæ... Зæгъон дын æй ныр. Зын мып уыдзæн уыимæ мæрдты. Разыйы дзуапп мым куы радтай, нæ чындзæхсæвмæ ма къуы- ри куы баззад, уæд мæм иу изæр колхозы правленимæ æрба- уад нæ хæрæфырт Бадинæ, районæй ардæм пост чи ласта, уый. Цыдæр тыхстхуыз уыд. Æз æй афаретон: «Дæ уагыл нæ дæ, цы кæныс? Исты æвзæр хабар та æрластай районæй?» Уый исдуг æнæдзургæйæ алæууыд, стæй афтæ бакодта: «Дзеба æгас у. Писмо сæрвыста». Æмæ йæ хызынæй систа æртæтигъон фыстгрг. Æз æй бакастæн. Фыста, уацарæй, дам, ралыгътæн, фембæлдтæн нæхиуæттыл æмæ хæцын дарддæр знагимæ. Мæ- 6 Мах дуг № 2 31
йæн хабар æхсызгон уыд, æгайтма æгас разынди, иннæмæй та*. мын зын уыди. Тарстæн, мæ хъуыддаг куы фехæла, уымæй.' — Дæ хъуыддаг нæ фæрæстмæ, мæ мадырвад. Уæвгæ цы гæнæн ис? Дæхи ныффидар кæн. Æндæр чызг æрцагур цардæм- балæн,— загъта Бадинæ, цыма мæнæн ныфсытæ æвæрдта, ахæм хуыз æвдисгæйæ.— Ныр æз згъорын Бæрзаутæм хæрзæг- гурæггаг. О, хæдæгай, писмо мæ фæцæйрох кодта. Æрима йæ. Æз Бадинæйæн ныллæгъстæ кодтон, цæмæй фыстæджы хабар’ бамынæг кодтаид. Ничердæм разы кбдта мæ фæндыл, стæй æрæджиау æртасыд. Уый тыххæй йын æз балхæдтон хорз къа- байаг æмæ туфлитæ. Уый фæстæ ма Дзебайæ уыдис фондз пиомойы, дыууæ дæумæ, æртæ сæхимæ æмæ уыдон дæр никæ- мæн .схъæр кодтам. Ныббар мын. Хатыр-иу ракур иннæтæй дæр. Уымæн йæ райсом Бубуйыл æнусмæ аныгуылд хур. Дзеба бирæ фæхъыг кодта, стæй марды кæндтытæ куы фе- сты, уæд йæ бинойнагæн радзырдта йæ хъуыдытæ: — Уыцы сылгоймаг иунæгæй куыд цæрдзæн? Ардæм æй, го- рæтмæ ракæнын хъæуы. Цæрæд мæнæ махимæ. Дæ зæрдæ мыл мацæмæй фæхудæд. Хъуыддæгтæ куыд рауадысты, уый зоныс. Æмæ кæд уæдæй нырмæ бирæ рæстæг рацыд, уæддæр мæ зæр- дæйы ис йæ сыгъдæг сурæт. Æмæ мын зын у йæ зын. Кæд махмæ цæрыныл не сразы уа, уæд та ам искуы æввахс цæр- дзæн, æмæ-иу æм нæ цæст дардзьютæм бахъуаджы рæстæг. Дзебайы бамбæрстой йæ бинонтæ, æмæ йæ хъуыдыты ных- мæ не ’рлæууыдысты. Уымæй цалдæр боны фæстæ лæг ацыди Былыхъæумæ æмæ Дзаниффæйæн бамбарын кодта йæ фæндон. Ус бирæ фæхъуыды кодта, стæй афтæ зæгъы: — Сымахмæ цæрын мын аив нæ уыдзæн. Адæм мыл зар- джытæ скæндзысты. Мæнæ мæ хæдзар ауæй кæыдзынæн æмæ дзы уым горæты сымахмæ хæстæг иу къуым балхæндзынæн. Стыр бузныг, кæй мыл тыхсыс, уый тыххæй,— стæй Дзебайæн ракодта йæ писмоты хабар, Бубу постласæгæн куыд ныллæгъс- тæ кодта, цæмæй сæ басусæг кæна. Дзеба ныронг дæр дис кодта, йæ фæстаг писмотæй иу куын- нæ сæмбæлд бынатыл, æмæ ныр куы фехъуыста уыцы хабар, уæд цавддурау фæци: — Æ’мæ-мæ сæфты хабары фæстæ кæд райстой мæ фыц- цаг фыстæг? — Чындзæхсæвмæ ма къуырийы бæрц уыдаид, афтæ. — Хъуыддаг фехæлдзæн, уый зыдта, æмæ... — Уыцы писмо раздæр куы ссыдаид, уæд... Фæлæ та уым дæр ме ’намонддзинад йæ куыст бакодта.— Иæ цæссыгтæ асæрфта Дзаниффæ æмæ тумбочкæйы лагъз раласта. Систа дзы æхсæз æртæтигъон писмойы æмæ сæ Дзебамæ бадардта,— Бубу сæ уæдæй нырмæ æмбæхстæй дардта. Дзеба фыстæджытæ райста æмæ арф ныуулæфыд. Дзаииффæ куыд загъта, афтæ бакодта. Балхæдта горæты иу уат. Абæрæг-иу æй кодтой Дзебайы бинонтæ. Уæлгаимæ дæр бахæлар. 82
■ Иу бон Дзаниффæ хæдзары зилæнтæ куыд кодта, афтæ йæм дуар бахостæуыд. Куы ракаст, уæд федта Дзебайьь И& иуч къухы уыд быдираг дидинджыты баст, иннæ къухы та’ —гæх- хæтты тыхтон. — Мидæмæ рацу,— загъта ус æмæ йæ разæй бахызт уат- мæ.— Кæцæй фæдæ? — Æрбауадтæн дæм. Абон æртындæсæм июнь нæу, дæ гуырæнбон? — Кæс-ма, мæнæй ма рох дæр фæци. Чызгæй-иу æй бæрæг кодтон уыйфæстæ — нал. Бузныг,'Дзеба! — Быдираг дидинджытæ уарзтай, хъуыды ма кæнын. Гъе- мæ æз дæр абои сæумæрайсом Джызæлдоны былмæ фæраст дæн,— загъта Дзеба æмæ дидинджытæ Дзаниффæмæ радта. — Сбад-ма. Æз истытæ фенон. Науæд чъиритæ ракæнон. Цыхт ис, стæй ссад дæр. Нозт дæр ссардзынæн. — Нæ, нæ, дæхи ма тыхсын кæн. Иу фæнуазын, æмæ йæ æндæр хатмæ уадз. Абон мыи фадат нæй. Фæссихор мын æф- еæддон училищейы курсанттимæ фембæлд ис. Мæ хæстон ха- бæрттæй сыи истытæ радзурдзынæн,— загъта Дзеба æмæ уатæй ахызт. Училищейы къæсæрыл историйы ахуыргæнæг Кочетков Дзет байы размæ фæци. Кæрæдзийæн салам радтой. — Æгæр раджы цыд фæдæ, æмбал капитан. Сахаты бæрц дæ бахъæудзæн æпхъæлмæ кæсын. Цом мидæмæ. — Нæ, уæртæ кæрты бæлæсты бын аууоны абаддзынæн. Ахæм уалдзыгон боп уымæй хуыздæр цы ис? — Загъта Дзеба æмæ кæртмæ ахызти. Æрбадт бандоныл сусхъæд бæлæсты бын. Ахъуыды кодта, фембæлды рæстæг йæ ныхас кæцæй райдай- дзæн æмæ йæ цæуыл фæуыдзæн? Æмæ та йæ цæстыты раз сыстадысты хæстон уæззау фæндæгтæ. Абоны хуызæн ма хъуыды кæны, йе ’мбал сиддонтимæ сæ хъæуæй районы цептрмæ куы араст сты, уый. Хиуæттæ, сыхæг- тæ хъæугæронмæ рацыдысты бæлццæтты фæдыл. Ахæм рæстæг кæуыи хорз нæу, фæзæгъынц, фæлæ бирæтæ сæ цæссыг нæ баурæдтой, æргомæй чи куыдта, ахæмтæ дæр уыдис се ’хсæн. «Куыд уыдзæн? Цы уыдзæн?» — уыцы хъуыдытæ иуæн дæр æнцойдзииад нæ лæвæрдтой. Чи зоны, сиддонтæй чидæртæ нал сыздæхдзысты сæ уарзон хъæумæ. Абон ма фæетаг хатт лæу- уыпц сæ райгуырæн зæххыл, абон ма фæстаг хатт уынынц сæ ныййарджыты, сæ хоты, сæ цоты, фæлæ уæддæр сæхи хъæл- дзæг дардтой. Иу рæстæг чидæр хъæрæй ныццæлхъ ласта Бæ- тæйы фыртты зарæг, бахъырныдтой йын иннæтæ. Хъæугæрон, сосæвæндаг райопы цеитрмæ кæм азилы, уым хъаст ацарæз- той. Дзеба ракафынмæ куыд хъавыд, афтæ йын сæ сыхаг чызг Дзибæт йæ цонгыл фæстæмæ рахæцыд æмæ йæ иуварс акодта: — Мæнæ дын Дзаниффæ йæхи конд къухтыкæлмæрзæн рарвыста, стæй одеколон æмæ къухтæхсæп сапон. Йæхæдæг æфсæрмы кæны. Дæ фæдыл нæ рауæндыд цæуын. Фæлæ уæхи- цæй куы рацæйцыдтæ, уæд дæм кауы зыхъырæй каст. Куыдта. 83
Æз ын ныфсымтæ авæрдтон, ма йыи, зæгъын, тæрс, ардæм æй хъæуы сæрæгасæй. Дзеба райста гæххæтты тыхтон æмæ йæ йæ хызыны ны- вæрдта. — Дæ мад Даду нырма дуармæ бады, мæгуыр, йæ къах æй Мидæмæ, хæдзармæ афтид къултæм нал хæссы. — Нæ йæ рауагътон мæ фæдыл цæуын, стæй нæфæразгæ у. Уæдмæ баба æрцæудзæн. — Æмæ кæм ис Адæбе? — Хохы. Фыййæуттæн хæринаг аласта. Знон хъуамæ æрыз- дæхтаид, фæлæ... Сидты гæххæтт та мæм æндæрæбон радтой. Бæргæ мæ фæндыд йæ фенын, фæлæ цы гæнæн ис? Афтæ рауад. Иу афон хъæусоветы сæрдар Разиат хъаст баурæдта æмæ адæмыл йæ цæст ахæсгæйæ загъта: Дарддæр мауал цæут сиддонты фæдыл! Аздæхут. Ноджы уарындзаст у, æмæ... Бæлццæттæ фæндараст фæуæнт! Фæстæ- мæ нæм уæлахизимæ дзæбæхæй сыздæхæнт. Сиддонтæ, сбадут бричкæты, науæд байрæджы кæндзыстут! ...Сосæвæндагыл райхъуыст цæлхыты гыбар-гыбур, цæфхæд- ты къæрц-къæрцц. Сиддонтæ цалынмæ бæлæсты аууон нæ фе- сты, уæдмæ сæ фæдыл кастысты, «фæндараст» зæгъынмæ сын чи рацыд, уыдон. Районы æфсæддон комиссариаты кæрты мин сиддонæй фыл- дæр æрæмбырд алы хъæутæй. Бæрзонд, æлвæстастæу майор сæ рæпхъ æрлæууын кодта æмæ загъта: — Æмбæлттæ, фондз æмæ нæ цьшпарыссæдз адæймаджы арвитын хъæуы танкистты, артиллеристты æмæ тæхджыты учи- лпщетæм. Ахуыр кæнынмæ ацæуын кæй фæнды, стæй цавæр училищемæ, уыдон, сæхи ныффыссын кæнæнт номхыгъды, Дзеба кæд ахуыргæнæг сси, уæддæр суанг сывæллоны бонтæй фæстæмæ тæхæг суæвынмæ бæллыд. Сæ хъæуы сщрты-иу хæд- тæхæг куы фæцæйтахт, уæд-иу дзы йæ цæстытæ нал иста. Иу хатт хæйрæджыты æхсæв аргæвстой стыр нæл хъаз. Даду йын йæ пакъуы куы тыдта, уæд чысыл Дзеба та базыртæм ным- дзаст. Кард рахаста æмæ сæ ралыг кодта. — Цы сæ кæныс? Уыдон мæн хъæуынц арынг сæрфынæн; ссад, луарæнтæ, хыссæйы къуыбæрттæ дзы куы сæмбырд вæй- йыпц, уæд... — Æмæ сæ никæдæм хæссын. Ам уыдзысты... Иу бон Дзеба сыхы сывæллæтты æрæмбырд кодта сæ кæрт- мæ æмæ сын загъта: — Ныртæккæ æз хæрдты атæхдзынæн. — Кæдæм? — Баппæрста чидæр йæ ныхас. — Мæпæ уал ам, хъæуы сæрты иу-дыууæ зылды æркæн- дзынæн, стæй фæстæмæ нæ кæрты æрбаддзынæн. — Мæн дæр ма демæ ахæсс, Дзеба! 1 — Мæн дæр! — Арвæй-ма-иу æркæс, кæддæра стыр куыройы дуар гом 84
у. Знон нæ зылди. Науæд нана дзæгъæлы куы фæцæуа уыр- дæм. — Хæрдты цæуыл атæхдзынæ, уый нын куынæ загътай, Дзеба. Хæдтæхæгыл? Æмæкæм ис? Сывæллæтты цымыдис ныхæстæн кæрои нал уыдис. Уæдмæ Дзеба сарайæ рахаста хъазы базыртæ: — Мæнæ кæсут?! Ацы базыртимæ атæхдзынæн! Уæдæ хъаз- тæ, кæсагластæ, цæргæстæ куыд фæтæхынц? — Æмæ уыдонæн сæ сæртæ æмæ къæхтæ гыццыл сты. Дæуæн та...— Фæцырд сабиты кæстæр Гуда.— Стæй мæргътæ ыартхоры æмæ мæнæуы гагатæ фæхæрынц. — Æмæ æз та цæкуытæ фæхæрын. Уыдон дæр нартхоры га- гатæ нæ вæййынц? Стæй — къæмцатæ дæр фæхæрын, хъазтæ, æмæ кæсагластæ дазр лыстæг кæсæгтæ ацахсынц доны æмæ сæ акъæмс кæнынц. Сымах нырма бирæ цыдæртæ нæ зонут. Ахуыр кæнын уæ хъæуы. Фæлæ мын рæстæг нæй,— йæ ныхас фескъуыдта æндахы халау Дзеба æмæ сарайы сæрмæ асин сæ- вæрдта, стæй хæрдмæ хизыныл фæци, йæ иу къухы хъазы ба- зыртæ, афтæмæй. Сарайы сæр уыдис хъæмпæй æмбæрзт. Дзеба фыццаг хатт нæ хызт уырдæм. Фарон сæ кæрчытæй иу уым фæцагъуыд æйчытæ æфтауыныл æмæ-иу сæ Дзеба æриста. — Уæртæ тута бæласы цъуппæй атæх, уый сарайæ бæрзонд- дæр у,—сдзырдта йæм дæлейæ уæлæмæ Сафар. — Зоныс, бæласыл къалиутæ ис æмæ мæ агæпп кæнгæйæ бахъыгдардзысты.— Йæ ныхас æрæппæрста бынмæ Дзеба, йæ- хæдæг сарайы цъуппæн йæ кæронмæ хъавгæ бацыд, хъазы базыртыл дыууæ къухæй фидар æрхæцыд. Сывæллæттæ йæм дисгæнгæ кастысты. Сыбыртт никæцæй- уал хъуысти. Дзеба йæ къухтæ стылдта æд базыртæ, мæргътæ атæхыны размæ куыд фæкæнынц, афтæ, стæй рæвдз агæпп код- та размæ. Фæлæ цæй тахт æмæ цæй æндæр! Бынмæ ныххауди, сарайы рæбынмæ. Фыртæссæй феуæгъд кодта хъазы базыртæ. Иæ амонд уыд, æмæ йæ тъæпп фæцыди миты обауыл. Иæ ас- тæумæ дзы афардæг. Лæппутæ ма йæ тыххæйты сластой уыр- дыгæй. Дзебайы лæф-лæф дзæвгар рæстæгмæ не ссыд. Æрæсгæрс- дытæ кодта йæхи, æмæ куы бамбæрста, ницы йыи уыди, уый, уæд афтæ бакодта: — Зонут, лæппутæ, хорз уыди, æмæ... Нæ дзоныгъæй æз хъуамæ ацы миттæ знон цæхæрадонмæ аластаин, фæлæ... Нæ мæ равдæлд. — Æгайтма сæ нæ аластай! — Дæ амонд уыдис, æмæ!.. — Зæхмæ куы ’рхаудаис, уæд дæ къæхтæ асастаиккой, науæд дæ цонг, кæнæ та дæ фындзы хъæл! — Хъуыстысты алыр- дыгæй сывæллæтты ныхæстæ. Ацы хабарыл кæд æртындæс азы бæрц рацыд, уæддæр-иу арæх æрлæууыд Дзебайы зæрдыл, уæлдайдæр та училищейы ахуыр кæнгæйæ, фыццаг хатт хæд- тæхæджы куы сбадт, уæд. 85
. Хæст куы райдыдта, уымæн йæ дыккаг аз нæ бæстæйы хæс- тон хæдтæхджытæ арæзт цыд дыууæ хаттæй дæр фылдæр æмæ уыдонæн тагъддæр цæттæ кæнын хъуыдис тæхджытæ. Уымæ гæсгæ Махачкалайы училищейы ахуыр кæнгæйæ курсанттæн æппындæр уæгъд рæстæг нал уыд. Ахуырты фæстæ-иу уыцы фæлладæй сæхи сыытæджытæм бакалдтой. Иу бон Дзеба йæхи дасгæйæ джихауæй баззад. Ныры хуызæн йæхимæ кæсæнмæ бæлвырд никуал бакаст. Йæ сау цæстытæ цьгма стырдæртæ фесты, сæ бынтæ мидæмæ бахаудтой, йæ уадулты стджытæ сæ- ли равдыстой. Афтæ йæдо фæкаст, цыма йæ тымбыл цæсгом фæдаргъдæр. Сæры хилты фæзынд урсытæ. Иæ зæрды уыд уыцы бон йæ къам сисын, сæхимæ йæ хъуамæ арвыстаид, фæ- лæ йæ хуыз йæ зæрдæмæ куынæ фæцыд, уæд рæстæгмæ йæ фæнд аивта: «Ьтæхимæ мæт кæндзысты, къамы мæ аСртæмæ’п куы феной, уæд. Фыетæг уал сæм арвитдзыпæн». Иæ цæсгом даст куы фæци, уæд сынтæджы бынæй раласта йæ чумæдан. Систа дзы, йæ мад Даду йæм фæстаг хатт цы фыстæг рарвыста, уый. Мад ахуыр никуы кодта, фæлæ йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй йæ бæттæнтæ тыдта чингуытæм. Йæ фыд Ахмæт та ныхмæ уыд: «Сылгоймагæн йæ къухтæ хъæуынц судзин, æл- хуый æмæ бæрдыныл хæцынæн». Фæлæ гыццыл чызг уæддæр къæрттæй цъула не ’ппæрста. Иæ фыдыфсымæр Бобо зындгонд дохтыр уыд. Æидæр хъæутæй дæр-иу æм бирæ рынчынтæ æр- цыд. Дзæбæхгæнæг-иу уыдонæй куы фæцух, фæлладæй-иу сæ- химæ куы бацыди, уæд та-иу гыццыл Дадуйы ахасты фæци: «Дамгъæтæ мын бацамон, дамгъæтæ мын бацамон». Цы гæ- нæн ма-иу уыд Бобойæн дæр. Да’мгъæтæ фыссыныл-иу сбæн- дæн сты. Æмæ та ныр, мæнæ, уыцы тæссар, уæлвæдзыг-дæл- вæдзыг дамгъæтæй Дзеба йæ цæстытæ нал иста. Æмæ фæуæнт ахæмтæ, ма уæнт рæсугъд, фæлæ сæ уæддæр куыд æхсызгонæн кæсы: «Дæ бон хорз, мæ хъæбул! Дæ рынтæ дын ахæрон... Пиемотæ арæхдæр фысс. Мæ зæрдæ дæм æхсайы иудадзыг, афтæмæй нырма ахуыр кæныс, уæд ма хæстмæ куы ацæуай, уæд куыд уыдзынæн? Цы дын зæгъинаг дæн... æнахуырæй цы- пæ вæййы... Хæдтæхæджы-иу фидар сбад. Дуар-иу дæ фæдыл дзæбæх сæхгæи, цынæ вæййы... Уæд та йæ æваст дьтмгæ фегом кодта... Ноджыдæр парашютимæ зæхмæ куы гæпп кæнай, уæд- иу ын раздæр йæ бæттæнтæ дзæбæх басгар, ма аскъуыйæнт, цынæ вæййы... Фæззæгмæ бирæ нал ис. Донхуыз къуымбилæй дын бæзджын цъындахæдон кæыын. Тагъд дын æй арвитдзы- нæн. Дæ астæу уазалгæнаг уыд, мæ къона. Махмæ дæ зæрдæ ма ’хсайæд. Райсомæй изæрдалынгтæм вæййæм быдыры. Кол- хозы уæз сылгопмæгтыл æрæнцад. Мæнæу карст фестæм. Ныр та йæ най кæнæм. Æз цъынайы сæрæй «молотилкæ»-йы цур- мæ куыристæ феппарын, дæ фыд та Беслæны элеватормæ мæ- нæу фæласы бричкæйæ. Паддзахады хæс рæвдздæр ахицæп (Хъæуы, науæд цы хæрдзысты не ’фсæдтæ? Æххормаг салдæт- тæи знаг сæттыи комы? О, хæдæгай, нæ гыццыл цæхæрадоны цы кæрдойы талатæ 86
пыссагътай, уыДШЫЛ ацы аз дыргътæ æрзади. Иу бæласмæ дзы аразæнтæ скодта^, йæ къалиутæ зæхмæ æрхæццæ сты. Мæ фыны дæ ара^х фенын, мæ хъæбул. Дысон дæр та, цы- ма, нæхимæ фестадтæ. Мйсын уарзтай нартхоры кæрдзынимæ æмæ дын сæ дæ разы авæрдтон. Фæлæ сæм ды нæ бавнæлдтай, мæ дæндæгтæ, дам, риесынц. Табу Хуыцауæн! Уыцы дæндæг- ты рыст æвзæр истæмæ ма рацæуæд. Цæмæй дзæбæхæй сыз- дæхай, уый тыххæй... Рох мæ нæ дæ... Хетæджы дзуармæ- дын раззаг хуыцаубоны мысайнаг арвыстон нæ сыхаг Уæлитайæн. Сызгъæрин тæбæгъты йын фæкуывдæуæд! Ие ’ргом нæм раз- дахæд! __'._." ^’" _ " Иæ чьшдзаг дæр дзæбæх у. Кусы посты. Дæ фыдæй æфсæр- мы кæиы. Уый ам куынæ вæййы, уæд мын æххуыс кæны. Æн- дæрæбон нæ уат чъырæй рацагъта. Уациллайы бæрæгбонмæ бæгæны куы кодтон, уæддæр мæм фæкаст. Цы ма дæм ныффыссон, пæ зонын. Хуыцауы уазæг у». Дзеба хъуыдыты ацыд. Иæ мады сурæт та йæ цæстытыл ’ауад: бæрзонд ных, бæгæныхуыз цæстытæ, роцъойы рахиз фарс — »еау стъæлф, фындз чыеыл гуыбыр, фæлмæн хъæлæс... Дзе- ’ба систа Дзаниффæйы фыстæг дæр: «Дæ бон хорз, мæ зæххон «стъалы! Æнæ дæу мын дуне талынг у. Уастæн бынты бын куы бауид уыцы знаг, мах кæрæдзийæ чи фæхицæнтæ кодта! Мæ гуьгрæн бон мын цы быдираг дидинджыты баст балæвар код- тай, уыдон нырма дидинæгдоны дарын. Мæ цæст сæ аппарын нæ уарзы, афтæмæй сæм бавыалæн нал ис, афтæ бахус сты. Дæ къам сæрвит тæхæджы дарæсы. Фенон дæ, кæддæра куыд фидауыс. Нæ хъæуы сæрты хæдтæхæг куы ’рбатæхы, уæд та мæ зæрдыл æрбалæууыс. Стæй арвæй мæй куы ’ркæсы, уæд- дæр та... Дæуæй дæр нæ ферох уыдаид нæ фæстаг фембæлд. Уымæй рæсугъддæр æхсæв, æвæццæгæи, а-дунейыл никуыма уыд! Дзæбæхæй сыздæх. Æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн!» Дзеба кæройнаг хъуыдыйадмæ иæма ныххæццæ, афтæ йæ уæлхъус алæууыд йæ украинаг æмбал Ткачук: — Уыцы писмо ныр, æвæццæгæн, ссæдзæм хатт кæсыс. Сызгъæрин феста уарзондзинад! Уый æмæ дын æз. Мæ зæрдæ никæмæ æхсайы. Уарзон скæнын мæ къухы нæма бафтыд, аф- тæ мæм фæсидтысты æфсадмæ. Зоныс, Дзеба, нæ хъæуы уый <5æрц чызджытæ ис, æмæ-иу мæ сæр разылди уыдонмæ кæсы- пæй. Иууылдæр цыдысты мæ зæрдæмæ! Бауырнæд дæ, нæ сайын. Ехх, уый гæнæн куы уаид, уæд се ’ппæты дæр ракурин! Афтæмæй сæ писмо дæр никуы никæмæ ныффыстон. Зæгъæм, гъеныр мæ сыхаг Полинæмæ ныффыссин æмæ уæд Клавæ цы зæгъдзæн? Уый та нæ бакомкоммæ цæры. — Æгæр зыдгæнаг дæ, Тарас. Гъемæ дзырдæн зæгъæм, се ’шгæты дæр ракуырдтай, уæд иннæ лæппутæ цы фæуиккой? — Уьщæй раст зæгъыс. Фæлæ зæрдæ, зæрдæ!.. Æфсис нæ зоны! — загъта Ткачук йæ мидбылты бахудгæйæ æмæ æваст 87
йæ ныхас иннæрдæм фездæхта.— Цом аэродроммæ! Инструк^ тор мæ дæумæ æрбарвыста. < — Цæмæн æй бахъуыдтæн? — Абон дæ иуæндæс сахатыл уæлдæфмæ стæхын, бахъæу- дзæн, кæд мигъ сыста, уæд. Къамисы уæнгтæ уæдмæ фæзын- дзысты. — Уый та куыд? Экзамен дæтдзынæн? Фæрæдыдысты. Мæ- нæн «хид калæн бон» райсом у. Абон сæ арæхстдзинад æвдис- дзысты Костин æмæ Оганесян. — Оганесян фæрынчын æмæ уæд дæу, йæ бæсты... Хуыз- дæр дын у, Дзеба. Науæд куы зыдтаис, фæлварæн абон дæт- дзынæ уый, уæд дысон нал бафынæй уыдаис, тыхстаис дæхи- мидæг. — Уый раст зæгъыс, Украинæйы хъæбул.— Сразы Ткачу- кимæ Дзеба. Фыстæджытæ авæрдта чумæданы, æмæ йæ дзау- матæ кæнынмæ фæци. Сæ бацыдмæ аэродромы иу кæрон æмбырдæй лæууыдысты къамисы уæнгтæ. Уыдонæй чысыл æддæдæр та — дохтыртæ^ артхуыссынгæнджытæ. — Дохтыртæ æмæ мын артхуысеынгæнджыты фенд куыд- дæр зын у.— Ныллæгхъæлæсæй бадзырдта Ткачукмæ Дзеба. — Нæй гæнæн. Уыдон ам æнæмæнг хъæуынц. Цынæ вæййы, уæд та... Хуыцау нæ фыдбылызæй бахизæд, фæлæ...— Ткачук ма цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ уæдмæ аэроклубы хицау булкъон Козлов æмæ хистæр инструктор капитан Чернов Дзе- бамæ фæдзырдтой. Рæстæг куыд тагъд азгъордта, уый Дзеба нæ бамбæрста^ цалынмæ йæ сахатмæ æркаст, уæдмæ. Иæхи афтæ дардта, цы- мафæлварæнæн йæ кой дæр нæй. Ткачук цыдæр ныхас загъта, бирæ дзы нæ уыдис юмор, фæлæ уæддæр Дзеба ныкъкъæдз ис фырхудæгæй. Фæстагмæ йæм уый хорзау нал фæкасти, Ахъ- уыды кодта: «Фæрæдыдтæн. Кæй асайынмæ хъавын? Дæсгайг ссæдзгай азтæ зæххæй уæлдæфмæ дыууæрдæм чикæны, уыдо- ны? Чи зоны, сæ зæрдæ мыл фæхудти. Нырма ахæм дæсны тæ- хæг нæма уыди зæххыл, хæдтæхæджы сбадыны агъоммæ чи нæ батыхсдзæн, æз та худæгæй бакъæцæл дæн». Дзебайы цæмæндæр тынг бафæндыд, мигъ зæххæй тагъддæр куы сыстид, уый. Æвæццæгæн, ахъуыды кодта: «Цы уа, уый уæд, æрмæст тагъддæр». Æмæ йын, цыма, æрдзы Бардуаг йæ курдиат фехъуыста, дæс сахаты уыдаид, афтæ мигъ дæр цыдæр фæци. Арвы астæу ма цалдæр къуымбилы зындис, æмæ уыдон дæр скæсæнырдæм атындзыдтой, цыма сæ Нарты кадджыты иуцæстон уæйыг йæ кæфой былтæй афу кодта. . Раздæр уал арвмæ йæ арæхстдзинад æвдисынмæ стахт Андрей Костин. Дзебайæн йæ бæрзæй фæрыст, афтæ æдзынæг æм^каст хæрдмæ: «Ацы лæппу йæхи цас дæсныдæрæй равдиса, уыйбæрц мæнæн мæ хъуыддаг æвзæрдæр уыдзæн». Гъе æрмæст Дзёбайы нæ фæндыд, Костин исты рæдыд æруадза, уый. Фæ- 88
лæ... Хæдтæхæг æрбадынмæ куыд хъавьтд, афтæ радиойæ рай:- хъуыст инструкторы тызмæг хъæлæс: — Костин, Костин! Хæдтæхæджы цæлхытæ дæлæмæ æру- адз! Дæхи сис фæстæмæ уæлдæфмæ! Хæдтæхæг æваст фæхæрд кодта арвмæ. Куы ’рбадти, уæд. аэроклуйы хицау карзæй загъта: — Дæ зæрдыл дар, Костин, цæлхытæ не ’руадзгæйæ, куы* ’рбадтаид хæдтæхæг, уæд цы бæллæх æрцыдаид, уый! — Æмбал булкъон, дис кæнын мæхæдæг дæр... æрбайрох мæ’се ’руадзын! — Ноджы ма иу хъуыддаг. Уæлдæфы уæвгæйæ, цæлхытæи æдде дарæн ницы хуызы ис. Знаг уыдонмæ йæ хъавд скæндзæн’ æмæ иугæр хъыгдард баййæфтой, зæгъгæ, уæд уымæй хæдтæ- хæг æрхауынæй уæлдай нæй. Æрбадæн дын нал уыдзæн. Тæ- хæджы бахъæудзæн парашютимæ гæпп кæнын. Фæлæ хæдтæ- хæг та? Чысыл рæдыды тыххæй... Арвы цъæхмæ та систа йæхи «Миг-1». Ныр та йыл йæ арæх- стдзинад æвдыста Дзеба. Æппæт дæр цыдис хорз, æрмæсг фæстагмæ... Куыд фæзæгъынц: «кард къæдзилыл асасти». Хæд- тæхæг æрбацыди аэродромы сæрмæ, æрбадынмæ хъавыдн. Зæхмæ ма йæ 3—4 метры куыд хъуыди, афтæ йæхи ^еваст бын- мæ æрæппæрста. Æмæ исдуг хæрдмæ пуртийау куы фæхауид. Чысыл ма бахъæуа, Дзебайæы йæ хуылфыдзаумæттæ йæ хъуы- ры фæцæибадтысты. Уайдзæф сæмбæлд Дзебайыл дæр. Мæйы бæрц ма ахастой ахуыртæ. Ахæм курсаит нæ уыд,.. боны дæргъы-иу дыууæ, æртæ хатты чи нæ стахти уæлдæфмæ, Уыциу рæстæг сæхи ахуыр кодтой парашюттимæ гæпп кæны- ныл дæр. Ахæм рæстæг-иу Дзебайы зæрдыл æрбалæууыд, кæд- дæр сæ сарайы сæрæй хъазы базыртимæ куы рагæпп кодта, уыцы цау. Иу изæр дæс бомбæппарæг хæдтæхæджы æмæ æхсæз истре- бителы æрбадтысты аэродромы. Бæрæг уыд, заводæй ардæм уыциу тахт кæй æрбакодтой, уый. Сæ ахорæнты тæф ма калд^ь Курсантты цы базонын хъуыди, уыцы хæдтæхæджытæн сæ^ фæндаг фронтмæ кæй у, уый. Ныр та уал сыл æрыгон тæхджы- тæ хъуамæ иу, дыууæ боны аратæх-батæх кодтаиккой, семæ- хæстæгдæр базонын хъуыд. Курсанттæн сæ фылдæры зæрдæтæ ’хсайдтой истребитель- тæм. Р^у ра^сом раджы ДзеОа дæр къамандирæн лæгъстæтæ кæ- ныныл схæцыди. — Æз нæхимæ дæр галуæрдоны цæуаг нæ уыдтæн. — Галуæрдон цы хоныс? — Мæнæ, ацы бомбæппарæг хæдтæхджытæй зæгъын. — Уæдæ-иу цæуыл цыдтæ Ирыстоны? Хæрæгыл? , — Хæрæгыл дæ^р нæ. — Уæдæ цæуыл? — Нæ колхозы диссаджы дугъон бæхтæ уыд. Сæ иуыл мæ фыд бадти. Фермæйы куыста. Районы-иу бæрæгбæтты рæстæг дугътæ куы уыдис, уæд-иу æй мæнмæ радта. Æппæты разæч-и^ 89
«фæци, афтæмæй нннæтæн сæ бьшты ауадаид. Уый тыххæй ,йæ ’бьгндз хуыдтой. Къамандир Дзебамæ фæхъуыста, стæй афтæ бакодта: — Бомбæппарæг хæдтæхæг хæсты рæстæг сæйрагдæр кæй у, "уый дæ зæрдыл дар, Истребительтæ уыдонæн лæггадгæнджы- тæ сты. Бомбæппарæг куы ницы сæнтауа, уæд иннæтæн дæр дзæгъæлы уыдзæн сæ тахт. — Уый афтæ у, æмбал къамандир, фæлæ уæддæр... Дзебайы фарс рахæцыд аэроклубы хицау дæр. Кьамандир сразьт. Цалдæр боны фæстæ ног хæдтæхджытæ иугай-дыгай сæхи систой арвы цъæхмæ æмæ сæ фæндаг адардтой фронтмæ хæстæг аэродромтæй иумæ. Эекадрилийы разамонæг Болдырев тахти разæй истребитель «ЯК»-ыл, йæ фарсмæ — Дзеба. Иры- <стойнаг лæппу ныббуц йæхицæй, фæлæ æдас дæр нæ уыд. Зна- ;джы хæдтæхджытæ сæ размæ кæм февзæрдзысты, уый хæйрæг йеддæмæ ничи зыдта. Æмæ уæд Болдырев æмæ Дзеба стох кодтаиккой семæ фыццагдæр. — Куыд у, хохаг, де ’феургъ? — Райхъуыст радиойæ Бол- дыревы хъæлæс. — Ницы йын у. Йæхи хорз æнтъухы размæ. — Фæйнæрдæм кæсын дæ ма ферох уæд. Ардыгæй фронт- ;мæ дæс километрæй фылдæр нал ис. Тагъд æрбаддзыстæм зæх- .хыл. Æхсызгонæй сæмбæлдысты фысымтæ уазджытыл. Уыцы бо- нæй фæстæмæ райдыдтой Дзеба æмæ йе *мбæлтты хæстон уæз- ;-зау фæндæгтæ. Æртæ мæймæ Дзеба знаджы хæдтæхджытæй æрæппæрста ’ фондз, Костин — авд, Ткачук — æртæ, Оганесян — цыппар... Фæлæ сæхи полкъæй дæр фæхъуыд цьгппæрдæс хæдтæхæджы. Иу бон уæлдæфон сгарæг Собко фехъусын кодта: «Фрои- ты раззаг хаххæй аст километры дарддæр хъæу «Солнечноо- -йы фарсмæ æфсæнвæндаджы станцæйы æрлæууыд стыр эше- лон танктæ æмæ сармадзантæй йе дзаг, афтæмæй. Лæвæрд æрцыд бардзырд: «Æвæстиатæй пырхгонд æрцæуæд поезд!» Фæссихор æртæ бомбæппарæг хæдтæхæджы æмæ дыууæ ’ истребителы фæраст сты хæстон хæс æххæст кæнынмæ. Баца- -мыид станцæ цалдæр минуты фæстæ фæздæджы бын фæци. Хæдтæхджытæ куы раздæхтысты, уæд Дзеба ауыдта ахæм ’ныв: «Дæргъытæ пинджак æмæ хæлафы сысджыйы хуымы згъордта иу лæг. Бафæллад. Нал уыд йæ бон. Фæстейы йæ æд куыйтæ сырдтой цыппар немыцаджы. Дзеба радиойæ бадзырд- -та Ткачукмæ: «Дæ цæст дар галуæрдæттæм, æз дæм тагъд зындзынæн. Дæлæ бынæй немыцæгтæ расурынц иу лæджы. Баххуыс ын хъæуы!» Уыцы ныхæсты фæстæ Дзеба йæ истре- битель фæуырдыг кодта зæхмæ. Аскъæрдта пулемет немыцæг- тыл, кæд ма сæ исчи аирвæзт, уый æнхъæлæй та дыккаг хатт Æрзылц сæ сæрты æмæ та райхъуыст пулеметы къæр-къæр .«хтæй сысджыйы хуымы астæуты цы фæндаг цыд, ууыл æрба- 90
дын кодта йæ уæлдæфон æфсургъ. Йæ къух фæтылдта лидзæг .лæгмæ. Уый исдуг фæджих, стæй базгъордта истребительмæ. Дзеба йын ацамыдта кабинæмæ. Лæг ныббырыд Дзебайы фæс- тæ. Чысылтæ зыдта уырыссагау: — Спосебо! Спосебо! Они меня поймать делали! Я много ^бежал, я Эрик Хубер. Я совсем немец. Они тоже немцы. — Ныр дын ницуал кæндзысты,— загъта Дзеба немыцаджы уæхск æрхойгæйæ. Хæдтæхæг чысыл азгъордта над фæндагыл, стæй зæххæй фæхицæн. Бæрзондæй ма Дзеба йæ цæст ахаста,, лæджы чи сьфдта, уыцы немьщæгтыл. Нал змæлыдысты, æрмæст ма куыйтæй иу сæ алыварс ратæх-батæх кодта. Уыцы рæстæг æв- вахсæй фæцыд гæрах. «ЯК» ныззыр-зыр кодта, стæй йæ фæздæг скалд. Хъуыддаг афтæ рауайдзæн, уый æнхъæл чи уыд? — Цы амал ис, уымæй ма нæхи зæхмæ куы баирвæзиккам... — загъта Дзеба æмæ хæдтæхæджы тахтыл бафтыдта. Фæлæ а^рт уæдмæ йæ куыст кодта. Иæ сырх æвзæгтæ баввахс сты ка- бинæмæ. — Вот!.. Вот!.. Аэродром! Туда спешать надо!..— хъæды -къохы ’рдæм йæ къухæй ацамыдта немыцаг. Дзеба акаст уыцырдæм: — Хорз! Хорз! Уартæ ис! Уынын æй! Кæд сæфæм, уæд ма нсты фыдбылыз ракæнæм не знæгтæн! — Æмæ истребитель азьглдта уыцырдæм.— Агæпп кæн ды, фæстæмæ фездæхгæйæ сдзырдта Дзеба йе ’мбалмæ æмæ йæм парашют алæвæрдта. — Так будет большое плохо! Я прыгать не полюблю! Я с тобой всегда! ■ Уæдмæ «ЯК-1» фæздæг калгæ бахæццæ немыцаг аэродро- мы сæрмæ. Бынæй немыцæгтæ бамбæрстой, ныртæккæ фыдбы- лыз кæй æрцæудзæн, уый, æмæ алырдæм фæлыгъдысты. Хæд- тæхæг йæхи æруагъта аэродроммæ. Батылд, бæласы къалиу- тæй æмбæрзт чи уыд, уыцы «Фокке-Вульф»-мæ хæстæг, цæмæй уый дæр ссыгъдаид. Стæй дзы бомбæтæ уыдаид, æвæццæгæн, .æмæ уæд... Истребитель куыддæр æрлæууыд, афтæ Хубер фæхъæр код- та, галиуырдыгæй цы «мессершмит» лæууыд, уымæ ацамоп- гæйæ: — Туда, туда побегать! Дзеба исдугмæ нæ бамбæрста йе ’мбалы хъуыды: «Цæмæн мæ тæхын кæны «мессершмитмæ?» Рагæпп кодтой дыууæйæ дæр истребителæй. Дзеба исдуг фæздæджы нал ауыдта йе ’мбалы. Азгъорынмæ хъавыд хъæды къохмæ. Уыцы рæстæг ын йæ цонгыл фæхæцыд Хубер æмæ йæ йæ фæдыл аскъæфæгау кодта мессершмитмæ: Уæддæр Дзеба йе ’мбалы хъуыдытæн ницыма æмбæрста. — Я тоже был летчик! Такой был мой самолет. Убежат! — Дагъд-тагъд адзырдта немыцаг æмæ «мессершмиты» кабинæйы 91
фæмидæг. Скуыста мотор. Хæдтæхæг базмæлыд. Абадти Дзе- ба дæр кабинæйы. Уайтагъд арвмæ сæхи систой. Райхъуыст немыцæгты автоматты къæр-’къæр, уæдмæ аэродромæй рай- хъуысти уæззау гуыппытæ. Хæдтæхæг йæхи систа бæрзонд æмæ æврагъы фæаууон. — Где советский аэродром? Где присядет надо? Но ваииг человеки будут нас бум-бум! Дзеба ахъуыды кодта. Иæ дзыппы фæци къухты сырх кæл- мæрзæн. Фелвæста йæ. Рæвдз райхæлдта йæ рон. Афидар æйг кодта æргъæвæджы зæгæлыл. Адардта йæ æддæмæ кабинæйæ. — Большое хорошо! Быстро придумал! — Бузныгхуызæй’ фæхъæо кодта Хубер. — Далæ уыныс уыцы дыргъдон? Уым ис нæ аэродром. — Увидел. Сейчас нас будет там. Фæлæ уыцы рæстæг фехъуыст гæрах. Дзеба цалдæр хатты иуварс аппæрста роны кæоон, цæмæй бынмæ тынгдæр фæзын- даип къухтыкæлмæрзæн. Дыккаг гæрах нал райхъуысти. Рацыдаид дыууæ, æртæ минуты æмæ немыцаг хæдтæхæг æрбадти нæ аэродромы. Иууылдæр джихауæй баззадысты. Раздæр уал кабинæйæ’ схызт Дзеба, стæй та — Хубер. — Нæ дæ æмбарын, кавназаг! Æмæ дæхион кæм ис? Но- джы де ’мбал ахст лæджы дарæсы куы ис! — Дисхуызæй ба- фарста полчъы командир Дроздов æмæ ма йæ ныхасмæ баф- тыдта,— Ткачук мын цыдæртæ радзырдта, фæлæ йæ фаг нæ бамбæрстон. — Рауади афтæ, æмбал командир. Фæстæдæр дын æппæт дæр радзурдзыстæм. Æрмæст нæ чысыл æрулæфын бауадз. Æвирхъау тæмæлты бахаудтам. — Дæ цæсгом ныхс. Фæздæджы милайæ нæ зыны. Де ’мбал дæр сыгъдæгдæр нæу. ’ Дыккаг бон Дзеба Дроздовæн ракодта сæ хабæрттæ. — Зоныс, Дзеба, ды дæ бафхæрыны аккаг! Кæсьгс, дæ рæ- дыд йæ фæдыл цытæ расайдта? Дæ истребитель басыгъд. Ды зæгъдзынæ, йæ бæсты «мессершмит»-ы æрбатардтам. Æмге нын цы пайда у? Немыцаджы кæй аирвæзын кодтай, уый тых- хæй та дын арфæ ракæныи æмбæлы. Фæлæ чи у? Цæмæн ба- хауд концлагерьмæ? — Мæнæн куыд радзырдта, афтæмæй хæсты размæ куыс- та адвокатæй. Стæй йæм æфсадмæ фæсидтысты. Райста тæхæ- джы дæсныйад. Авиацийы баслужбæ кодта æртæ азы. Ар- хайдта хæстыты. Бомбæтæ калдта Англисы горæттыл, Югосла- вийы хъæутыл... Стæй йын йæ фыды ’рцахстой. — Цæмæн? — Йæ фыд куыста, минометтæн нæмгуытæ кæм кодтой, ахæм хæстон заводы инженерæй.— Базылын æй кодтой, уьпт тыххæй æмæ нæмгуытæй бирæты фаг нæ кодтой рæмудзæн æр- мæг. Уый аххосæй-иу зæххыл æрхаугæйæ бынтон нæ фехæл- дысты, науæд та-иу æппындæр нæ атыдтой. Ахæм æнæхæлд 92
гнæмгуытæ-иу немьщæгтæ федтой нæ зæххытыл размæ абырс- гæйæ. Суанг, дам, ма цалдæр нæмыджы мидæг ссардтой гæх- хæтты гæбæзтæ. Уыдоны-иу фыст уыди: «Советон адæм, ’мах нæ фæнды нæ къухтæй конд нæмгуытæй цагъды кæнат, уый. Нæмгуытæй цал нæ фехæла, уал хорздзинады уын ракæндзы- стæм. Уый мах нымайæм не стыр хæсыл». Фыды куы ’рцахстой, уæд фыртмæ дæр фæзындысты фронтмæ. Нæ хæдтæхджытæй æрæппæрста фондз, фæлæ йын уæддæр пæ иыххатыр кодтой. — Цы æнæхæлд нæмгуыты кой ракодтай, ахæмтæ æз мæхи дæстытæй федтон. Мах «Катюшæ»-мæ гæсгæ, уыдон та сæ авдæхстон миномст «Ванюшæ» схуыдтой. Фæлæ йæ махон амбылдта. У реактивон. Йæ нæмгуытæ кæм æрхауынц, уым ма суанг зæхх дæр ссудзы. — Æмбал къамандир, иу зæгъинаг мæм ис. — Цы у? — Ныр уыцы «мессершмит» æвгъау нæу æнцад лæууынæн? .Хуберы фæнды ууыл немыцæгтимæ хæцын. — Уый та куыд, ома? — Немыцаг хæдтæхджытæм-иу æууæнкæй йæхи хæстæг ’байсдзæн, куыд хион, афтæ, æмæ-иу сыл æнæнхъæлæджы ра- .лæудзæн пулеметæй. — Æмæ уыцы сусæгдзинад бирæ ахæсдзæн? — Æмæ гъа. — Уыцы фæнд мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Мах уый аеххуыс- хъуаг не стæм. Фашисттæ цы лæгæтæй рацыдысты, уый афтæ дард нал у. Польшæмæ уал æрбахæццæ стæм,— загъта Дроз- дов йæ мыдхуыз рихитæ адаугæйæ, стæй бапъероз сдымдта. Фæздæг цалдæр хатты мидæмæ тынг баулæфыд, æмæ та-иу æй тæпгай фæстæмæ рауагъта.— Хорз байрай, кавказаг, æз цæ- уын. Фæлæ... Мæ хъуыды бамбарын кæн уазæгæп. Кæд æнцад бадынæй хъыг кæна, уæд ын исты куыст ссардзыстæм. Ныр та уал йæ фæллад суадзæд. Концлагерь санатори пæу. Физонджы- тæ дзы нæ хордта, сæн дзы нæ нуæзта. Дзеба бамбарын кодта Хуберæн, хицау ныхмæ кæй у, уый. Немыцаг ницы сдзырдта, стæй ныккæнды рудзынгмæ хæстæг бацыд æмæ кæдæмдæр йæ каст скодта. Дзеба фæллад уыд æмæ йæхи æд дзауматæ тъахтиныл æруагъта. Абон дыууæ хат- ты стахт арвмæ. Иæ дыккаг «балц» зын уыди. Хæдтæхæджы рахиз базыр нæмгуытæй дыууæ раны фæхуынкъ. Уыдонæй тæссагдæр разынд æртыккаг пæмыг. Люкæй ныххызт, худы хъус афазта. «Æвæццæгæн мын Хуыцау баххуыс кодта, æн- дæра мæ хъуыддаг хорз иæ уыд. Фæлæ мын цымæ кæдмæ æх- хуыс кæндзæн? Алыбон дæр мæлæт ме ’мдзу куы фæкæны».— Уыцы хъуыдытимæ Дзеба куыд арæдзæ-мæдзæ кодта, уый æм- баргæ дæр нæ бакодта. Фыны йæ уæлхъус æрлæууыд урсзачъе лæг, йæ уæлæ — базыртæ. — Лæппу, хæстмæ цæугæйæ алы хатт дæр дæхи бафæдзæх- •сыс Хуыцауыл, мæи ферох кæныс. Æз чи дæн, уый зоныс? 93
Фæндагсар Уастырджи,— уый адыл урсзачъе лæг цыдæр æр- баци. Уыцы рæстæг Оганесян Дзебайы базмæлын кодта: — Уæлæмæ сыст! «Мессершмит» уым нал ис! Дзеба фехъал. Иæ цæстытæ æууæрдгæйæ афарста: «Цы загътай?» — Хубер «мессершмитыл» фæтæхы!.. — Ау?! Раздахын æй хъæуы! — загъта Дзеба æмæ азгъорд- та Оганесянимæ аэродроммæ. Хæрхæмбæлд сыл фæци къамап- дир. — Куыд уæм кæсы?! — Алидзынмæ хъавы уыцы немыцаг? Уæвгæ, кæдæм? Немыцмæ?! Æмæ сæ лидзгæ куы ракодтаГ — Раст зæгъыс! Уыдонмæ йын лидзæн нæй. Æрцауындз-^ дзысты йæ! Цы дивизийы службæ кодта, уый ам хæстæг исГ Мæсты сæм у! Куьг йæ ’рцахстой æмæ йæ уырдыгæй куы ра- цæйкодтой, уæд ын йæ былтæ тынг ныццавта, хæларæй кæимæ цард, уыцы афицер. Йæ дæндæгтæй дыууæ аеаст. Иннæ та йьш йæ цæсгомыл бату кодта. — Уæдæ куыд хъуыды кæныс? — Афарста къамандир. — Уый йе знæгтæй йæ маст исынмæ атахт. Бар мын ратт уæлдæфмæ стæхынæн! Мах æй сбæрæг кæндзыстæм! — Гъемæ хорз! Æвзæр уавæры куы бахауа, уæд ын бах- хуыс кæндзыстут. Дыууæ истребителы уайтагъд уæлдæфы ба- лæууыдысты. Иу ран цæст æрхæцыди æртæ «Юнкерс»-ыл. Уæз- зау тахт кодтой. Бæрæг уыд, бомбæтæй се дзаг кæй уыдысты, уый. — Бæллæхтæ нын фæласынц. Бакъуылымпы сæ кæнæм! — айхъуыст радиойæ Дзебайы хъæлæс,— фæлæ... Æнæ хъахъæн- джытæй куыд ратахтаиккой? — Ныццæвæм сæ! Ды уæлейæ бынмæ, æз фæрсырдыгæй. Оганесян рæстхъавдæр разынд. «Юнкерстæй» иу адзалы фæндагыл ацыди. Уыцы ныв фен- гæйæ иннæ дыууæ сæ бомбæтæ сæхи зæххыл æркалдтой æмæ фæстæмæ фездæхтысты. Уæдмæ сæ хъахъæнджытæй иу «Фок- ке-Вульф-190» сæ бынты фæздæг калгæ афардæг цъыхырытæм. — Ды æрæппæрстай уыцы истребителы? — Оганесяы афар- ста Дзебайы. — Æз нæ уыдтæн. — Уæдæ æз дæр нæ уыдтæн. Уалынмæ мигъы æврагъæй разындысты дыууæ «мессер- шмиты». Æгъатырæй æхстой кæрæдзи. Цы базонын хъуыд, уыдонæй иу кæй уыдис Хубер. Радиойæ райхъуыстысты дыууæ немыцаджы тызмæг ныхæс- тæ. Фæлæ сæ Дзеба не ’мбæрста. — Ды куы зоныс немыцагау, Хорен! Цытæ дзурынц? — Хубер ссардта йе знæгты. Иуæй уал йæ маст райста. Ныр та йæ тых æвзары, йæ дæндæгтæ йын чи асаста, уыимæ. Гилдзытæ сæм нал ис, æвæццæгæн. Кæрæдзи нал æхсынц. — Бадзур Хубермæ радиойæ æмæ аэродроммæ аздаха! — Нæ мæм байхъусдзæн. Иннæ немыцагмæ бадзырдта, 94
кæд хæппуд иæ дæ, уæд, дам, ма мæ ныхмæ æрбацу, Эрик æйг хоны. Оганесян уыцы ныхæстæ куыд кодта, афтæ Дзеба ауыд- та^ дыууæ истребителы кæрæдзийы ныхмæ сæхи куыд сарæз-- той, уый. Се ’хсæн ма дæс æмæ æртиссæдз метры бæрц уыдаид,. афтæ Эрикы хæдтæхæг рахизырдæм сонт зылд фæкодта. Бæ- рæг уыд, цæрын æм цыди. Кæрæдзимæ та сарæзтой сæ ных. Фæцыд æнуд гуыпп. Дыууæ «мессершмиты» уæлдæфы гæбаз-- гай ба исты. Уыцы гæбæзтæ цалынмæ зæхмæ нæма ныххæццæ’ сты, уæдмæ Дзеба æмæ Оганесян кастысты сæ фæдыл, стæй аэродроммæ сæ фæндаг сарæзтой. Ракодтой хабар полчъы командир Дроздовæн. Уый исдуг зæхмæ кгесгæйæ баззад, стæй йæ худ систа. Бафæзмыдтой йæ иннæтæ дæр. — Фæлтау уыцы «мессершмит» куы срæмыгътаиккам! — загъта Дроздов æмæ уæззау къахдзæфтæ кæнгæ ныххызти’ ныккæндмæ. Дзеба æмæ Хуберы хабары тыххæй мæй раздæр дивизийы газ’еты рауагътой статья, уыдис дзьт сæ къам дæр. Ныо уыцы газет Дзеба систа йæ чумæданæй. Бирæ йæм фæкаст. Иæ цæс- сыгтæ нал баурæдта: — Лæппутæ, æгас ма нæ чи баззайа, уый-иу ын йæ бинол- ты бабæрæг кæнæд, кæд ма æгас уой, уæд. Лейпцигмæ хæстæг цæрынц. Иу гыццыл хъæуы. Иæ адрис мæм ис. Хæст кæцæй рацыди, уырдæм аздæхт сау фæздæг калгæ.< Иæ фæстæ ныууагъта æвирхъау нывтæ: туджы лæсæптæ, адæ- мы хъæрзын, хъарджытæ, сыгъд горæттæ æмæ хъæутæ... Фе- сæфтысты зарæг, худт, кафт... Фæлæ цард цард у. Ногæй су- лæфдзæн йæ риуы дзаг, слæудзæн та, сиваздзæн та йæхи хур- мæ, их къæвда кæуыл æрцæуы æмæ уый фæстæ кæрдæджыты ’хсæнæй хæрдмæ йæ цæф къабæзтæ чи сдары, ахæм дидинæгау. О, куыд æнхъæлмæ кастысты уыцы бонмæ фæллад хæстонтæГ Бæрæг уыдис, хæст афæдз, афæдз æмæ æрдæгæй фылдæр ная ахæсдзæн. Куыд тæригъæд уыдысты, нырмæ мæлæтæй чи аир- вæзт æмæ иыр сау зæхмæ чи бацыд. Иоджы тæригъæддаг та уыдон уыдзысты хæсты фæстаг бон йæ цард кæмæн аскъуый- дзæи. Уыцы хъуыды æнцойдзипад нæ лæвæрдта хæстопты би- нонтæн дæр æмæ сæ писмоты фæдзæхстой сæ бæлццæтты, уæхиг хъахъæнут, зæгъгæ. Дзебайы дæр фæдзæхста ныййарæг мад йæ писмотæй иуы: «Цы амал ис, уымæй дæхи бахиз знаджы нæм- гуытæй». Цæф тигр йæ лæгæтмæ тæрын куыд нæ кома, ахæм хуызæнæй æвдыстой сæхи фашисттæ. Фæстаг фæлтæрæнтæ ма кодтой не ’фсæдты размæбырст бауромыныл. Иу ахæмы тæ- хæг-сгарæг Собко фехъусын кодта: «Æндæрæбон цы хид нып- пырх кодтам, уый знæгтæ фæстæмæ тагъд-тагъд аразынц. Куьг срæвдз уа, уæд ыл фæсчъылдымæй ног тыхтæ æрбаппардзы- сты, науæд та фæстæмæ ацæуынвæнд кæнынц, æмæ сæ хид уымæн хъæуы». Æрдæгарæзт хид бомбæты амæттаг бацис. Иуæй хорз хъуыддаг сарæзтой, иннæмæй... Дзеба нал раздæхт бынатмæ. Немыцæгты хæрдмæхсæн сармадзаны нæмыг сæм- бæлд йæ истребителы моторыл. Хæдтæхæг ссыгъди. Дзеба ма 95
:архайдта искуыдæй нæхи зæхмæ баирвæзыныл, фæлæ... Гæнæн. нал уыд æмæ йæхи парашютимæ зæхмæ раппæрста. Немыцæг- -тæ йæ æхстой уæлæмæ. Нæ тæхджытæ банхъæлдтой, фæмард. Ткачук ма иу зылд æркодта йæ сæрты. Федта, йе ’мбал зæх- хыл куыд уæнгмардæй æрхауд, уый. Хъавыд йæ цуры æрба- дынмæ. Йæ фæнд уыди ахæм; кæд ыл нæмыг сæмбæлд, уæд ын йæ цæф абастаид æмæ йæ йемæ аластаид хæдтæхæджы, стæй йæ мардæй дæр уым нæ ныууагътаид. Фæлæ йæ нысан сæх- хæст кæнын йæ бон нæ баци. Фашисттæ æввахсдæр блиндажæй уыцырдæм атындзыдтой, стæй уæдмæ йæ сæрмæ фæздæджы къуыбылой абадт. Фембæрста, æхсынц æй. Дзебайæн фæцæф сты йæ сæр æмæ йæ зæнг. Ие ’мбæлттæ гйæ банымадтой мардыл. Хабар фехъусын кодтой Ирыстонмæ -йæ ныййарджытæн. Немыцæгтæ Дзебайы аластой госпитальмæ. Йæ цæфтæ æх- хæст нæма байгас сты, афтæ йæ иннæ уацайрæгтимæ æрвыс- той фæндæгтæ аразынмæ. Хъæд сæм уыдис æввахе. Иу æхсæв тыхджын къæвда рацыд. «Ахæм фадат нын никуал уыдзæи алидзынæн, æвæццæгæн. Бафæлварæм. Цы уа, уый уæд. Кæд .мæлгæ, уæд — мæлгæ. Ам куы баззайæм, уæддæр нæм хуыз- дæр хъысмæт не ’нхъæлмæ кæсы» — бамбарын кодта Дзеба йæ фæнд йæ уырыссаг æмæ польшæйаг æм’бæлттæн. Сæ цæст дардтой, æввахсдæр сæм цы хъахъæнæг 'уыД> уымæ æмæ ба- -фиппайдтой: ныххуылыдз, суазал. Иу афон йæхи байста къа- зармамæ. Цыппæрдæс уацайраджы сæ батинкæтæ сæ къухты, афтæмæй æнæ уынæрæй сисы аууæтты ныххæррæтт кодтоп -кулдуарырдæм. Дуар разынд æхгæд. Хъуыди йæ сæрты ахи- зын. Фæлæ се ’ппæтмæ кæцæй уыд ахæм хъару? Сæ зæнгтьт, сæ цæнгты магъз куынæуал баззад æххормагæй, фыргуыстæй. Уæддæр ма хорз уыд æмæ сæ батинкæтæ сæ къæхтыл нæ уы- дысты. Цалдæрæй фæуæле сты, иннæтæ-иу хæрдмæ фæйпæ- джытыл быргæйæ фæстæмæ иыххаудтой. Иу рæстæг сæ кæй- дæр сæры февзæрд хорз хъуыды, сæ иутæ-иу æргуыбыр код- -той æмæ-иу уæд иннæтæ уыдоныл слæууыдысты. Фæстагмæ чи баззадаид, уыдонмæ кулдуары сæрæй хъуамæ æруагътаик- кой шинелтæ, рæттæ. Фæлæ уæдмæ хъахъæнæг рацыд, æвæц- цæгæн, йæ хъустыл ауад уынæр. Райхъуыст автоматы къæр- къæр. Дыууæ югославаджы æмæ иу казахаг уым баззадысты. ’Кулдуары фæйнæгæй рахызт автоматы нæмыг æмæ белорус- -саг Можайы фадхъулыл сæмбæлд. Нал лæууыд йæ къахыл. ’Ие ’мбæлттæй куырдта: «Мæн пыууадзут. Лидзгæ кæнут уæхæ- дæг. Сымах уæддæр куы аирвæзиккат»... Фæлæ йæм нæ бай- хъуыстой Дзебаитæ. Радыгай йæ скъæфтой се ккæйтты æхсæ- вы талынджы. — Цы амал ис, уымæй рæвдздæр картофы хуымæй ахи- за?м, уый фале ис нартхор конд, уым нын æдасдæр уыдзæи, -стæй хъаэдмæ бахæццæ уыдзыстæм.— Лæф-лæфгæнгæ дзырдта .лольшæйаг Райник.— Хъæды мæнæн ис зонгæ бынæттæ. Суанг 96
ма лæгæт дæр. Мæ фыды æфсымæримæ хæсты размæ дыууæ хатты цуаны уæвгæйæ уым бахсæвиуат кодтам. — Цы хæрдзыстæм уым, хъæды? — иу ран йе ’мбæлттæн загъта Гусев. Æмæ цалдæрæй картæфтæ къахынмæ февнæл’д- той. Кодтой сæ сæ рæтты. Ахастой семæ нартхæрттæ дæр. Бо- пырдæм бахæццæ сты лæгæтмæ. Кæмæдæр сæ разынд хостæ, биит. Бабастой Можайы зæнг. Бахус кодтой сæ дарæс, сфых- той картæфтæ, нартхæрттæ. — Цы чындæуа дарддæр? Ам кæдмæ æнхъæлмæ кæсдзыс- тæм? Сырх Æфсады æрбацыдмæ? — иу бон Дзеба йæ хъуыды бамбарын кодта йе ’мбæлттæн. — Раст зæгъыс. Уæдæмæ нæхæдæг хъæд-хъæд уыцырдæм куы фæцæуиккам, уæд хуыздæр уаид,— загъта югославаг Пег- рИ’Ч. Сразы сты йемæ иннæтæ дæр. Дыууæ бонмæ бахæццæ сты нæхиуæттæм. Райдыдтой та тохы бонтæ. Дзеба авиацимæ нал бацыд. Уæлахизы бонмæ хæцгæйæ баззад фистæг æфсады. Уый фæстæ та Манголы быдырты æвдыста йæ лæгдзинад япой- нæгтимæ тохы. Уыцы хъуыдытæ Дзебайы сæрæй нæма фæхицæн сты, афтæ йæ уæлхъус алæууыд æрыгон лæппу курсанты дарæсы: — Хорз лæг, дæумæ мæ рарвыстой. Æнхъæлмæ дæм кæ- сыпц... Иу сæрдыгон райдзаст бон Адæбе бадти сæ дуармæ фæй- нæгæй арæзт даргъ бандоныл æмæ авджы састæй лæгъз кодта с^агойы хъæд. Уыцы рæстæг йæ уæлхъус æрлæууыд фондз æмæ дыууиссæдз азы кæуыл цыдаид, ахæм бурхил, цъæхдзаст, дæргъдзæсгом нæлгоймаг. — Дæ бон хорз, зæронд лæг! Бæрзауты Адæбе ам цæры? — Бафарста æнæзонгæ адæймаг, йæ дыууæ чумæдаиы зæххыл æрæ’вæргæйæ. — Адæбе, зæгъыс? Уый æз дæн,— сагойы хъæд быруйы æп- цой æрæвæргæйæ загъта Адæбе æмæ сыстад. Уаз&г ын йæ къух райста. Исдуг æнæдзургæйæ алæууыл, йæ пыхае куыд райдайа, ууыл цыма хъуыды кодта. Стæй загъта: — Дзебаимæ хæсты иумæ уыдыстæм. Иу полчъы. Нæ сын- тæджытæ дæр æдзух фæрсæй-фæрстæм уыдысты. Мæ хуызи- стытæ дæр уæм уыдзысты. Иу-цалдæр хатты нæ къамтæ иумæ систам. — Гъеныр дæ æрхъуыды кодтон. Иу къамы нæ лæппу ба- ды, ды’та йын’ йæ уæхскыл дæ къух æрæвæрдтай. —- О, о, ахæм хуызистытæ дæр нæм уыдис.— Уазæг арф пыуулæфыд æмæ йæ ныхас дарддæр кодта.— Ахæм рæстæг-иу скод’та^ æмæ-иу бон дыууæ"; æртæ хатты дæр батахтыстæм зна- дж1ытсйермæ. Иу ахæмы Дзсбайы хæдтæхæгыл нæмыг сæмбæлд æмæссыгъд. Иæхи ма парашютимæ бæргæ раппæрста, фæлæ... НемЬщæгтæ йæ уæлæмæ æхсын райдыдтой... Рухсаг уæд,— загъта фæстагмæ. Мæнæ ацы чумæдан уый у. Иæ дзауматаей 7 Мах дуг № 2 97
дзы цыдæртæ ис... Ардыгæй кæй ахаста, уыцы къепкæ, роггг. сæрдасæн, къухтыкæлмæрзæн, Къостайы чиныг, уæ писмотæ..^ Мæ зæрды уæ рагæй уыд бабæрæг кæнын, фæлæ бонæй-бон- мæ баззадтæн. — Уæдæ мæ хъæбулы мард æнæ ныгæдæй баззади? — загъ- та Адæбе æмæ йæ мидбылты бахудти. Уый нæ фæцыд уазæ- джы зæрдæмæ æмæ уайдзæфгæнæгау афтæ бакодта: — Фидар зæрдæйы хицау дæ, нæ фыды хай! Бæгуы нæ ху- дыс? — Дзеба мард нæу. Хæстæй сыздæхти. — Цы?! Куыд сыздæхт?! Хъазгæ мæ кæныс?! — Горæты кусы ахуыргæнæгæй. Ныр сæрды^ каникулты рæстæг йæ бинонтимæ нæхимæ æруад. Иу къуырийы бæрц ам сты. — Цытæ хъусын?! Æмæ йын фенæн нæй?! — Куыннæ. Уæртæ цæхæрадонмæ ауад, родæн, дам, кæр- дæг æрбадавон. Цом мидæмæ. Уыцы рæстæг кæртæй æрбайхъуыст Дзебайы хъæлæс: — Адæбе, родæн æххæст сылы дæр авæрæм.— Цыдæр зæ- гъыимæ ма хъавыд, фæлæ уазæджы кæртмæ бахизгæ куы ауыдта, уæд джихауæй аззади. Бынтон джих та уазæг фæци. Иæ хъæлæс фырдисæй, фырцинæй ’ахгæнæгау кодта. Æппынæ- рæджиау дзы сирвæзт: «Дзеба!» — Ткачук! Тарас! —Азæлыд Дзебайы хъæлæс дæр. Ныхъхъæбыс кодтой кæрæдзи. Цыма сæ къухтæ æндзыг баисты,— дзæвгар рæстæгмæ лæууыдысты афтæмæн. Сæ дыу- уæйæн дæр сæ цæосыгтæ фемæхстысты. — Дзур истытæ, Дзеба! Куыд æгъдауæй!.. — Тарас, мæрдтæ дзургæ нæ фæкæнынц! Ды дзур! — Загъ- та Дзеба æмæ та Ткачукы æрбахъæбыс кодта. — Нæ, нæ, мæрдты бæстæйæ раздæхгæйæ, дæумæ фылдæр хабæрттæ уыдзæн. — Ауадзæн дын нæй иу-цалдæр боны. Фæпыхæстæ кæи- дзыстæм. Ирыстоны рæсугъд бынæттæ дын фенын кæндзынæп. Ныр та!.. Уæдмæ Даду рахызт хæдзарæй. Райста уазæджы къух. — Дыдта, зынаргъ уазæг!.. Æртæ чъирийы ракæп! Уыцы сау бæгæныйæ скувæм! Нæма сæнхъызт? — Цæттæ у. Фæлæ... Райсоммæ йæ скодтон, Уациллайы бонмæ. — Ницы кæны! Уациллайы зæрдæ ныл нæ фæхуддзæн! Нæ куывдтытæ йæм раздæр фæхæццæ уыдзысты! Мысинæгтæ, мы- синæгтæ... Цалдæр боны сæ фæдзырдтой, уæддæр ма дзы æвæц- цæгæн, баззад. — О, хæдæгай, дæ фæндон дын сæххæст кодтон. Хуберы мады ссардтон. Æппæт дæр ын радзырдтон. Иæ мойы йын фехстой. — Куыд дын раарфæ кæнон, нæ зонып! Мæ ныййарджытæ дæр дæ нæ ферох сты! Уыцы æрхъуыдыдзинадæн аргъ нæй! 98
Ньф’ ’æз æгас’æй куынæ баззадаин, уæд цæмæй базыдтаин... Далæ дард Украинæйæ нæ фæзивæг кодтай. Æндæр исчи загъ- таид... Тарас, ды дæ æцæг хæлар! Ткачу.к куы базыдта, Дзеба Дзаниффæимæ нæ бану, уый, уæд ын зын уыд. — Тарас, дæхæдæг та цы бадæ? Уæ хъæуы чызджытæ се ’пшæт дæр куы цыдысты дæ зæрдæмæ. Ткачук худæгæй бакъæцæл: — Мæ кæддæры ныхæстæ дæ нæ ферох сты. Хæстæй куы ’рбаздæхтæн, уæд иу чындзæхсæвы нæ сыхы чызджытæн загъ- тои: «Хæлттæ скæнут, сцæгъдут сæ æмæ гæххæтт кæп номимæ сисон, уый нæхимæ атеу-теу кæндзынæн». — Æмæ?.. Цы баистут? — Иууылдæр сæ систон. — Зæрдæхудтæй сæ тарсттæ? — О. Фæстагмæ Полипæйыл æрæпцадтæн. Ткачук сæхимæ цæуыпвæпд куы скодта, уæд Дзебайæи загъта: — Ды афтæ тыиг кæй уарзтай, уыцы Дзаниффæйы æнæ- фенгæ нæ ацæудзыпæп. Æмæ йын Дзеба сæххæст кодта йæ фæпдон. Ацыдысты го- рæтмæ. Дзаниффæйæн та йæ чызгон бонтæ йæ зæрдыл æрлæу- уыдысты, цæстытæ та доны разылдысты. Зын уарзондзинады æвдисæн. Цыдысты азтæ. Дзеба ацыд пенсийы. Хæсты цы зынтæ бав- зæрста, уыдон йе ’нæпиздзинадыл тæфсын байдыдтой. Иу райсом йæ фырт Мæирбегæн афтæ зæгъы: — Иннæбон Дзапиффæйæн йæ гуырæнбон у. Бабæрæг æи кæндзынæ. Быдираг дидинджытæ йын бахæсдзынæ.— Ма-иу фæзивæг кæн. Æз куынæуал уон, уæддæр-иу... Ма дæ ферох уæд æртындæсæм июнь. Æрдæбон мæм мæ хо рынчынфæрсæг уыд. Базарæй æры- скъæфтæ æмæ балтæ æрбахаста. Дзаниффæйæн дзы куы ба- давис, æрмæст-иу дæ мадæн мацы зæгъ. — Хорз. Ныртæккæ,— загъта Мæирбег æмæ цæлгæпæнмæ бацыд. о:
АРВИСТОН Стъалы — стъæлфæнты цæхæр Арвыл — нæй сæ рухсæн арæн.. Тар сæ хъахъæны йæ сæр, Нæй æдæрсгæ слæууæн тарæн. Нæ хъару цардвæндæгтыл байсысы, Фæлæ нæ фарнæй бафты цардыл... Нæ фыццаг цъæгъахст дардыл н ’айхъуы’сы, Нæ быныхъæр айхъуысы дардыл. Кæм æмæ кæм и уæдæ нæ сонты кар? Кæм и, кæм, не ’взонгад — тæссонд æнус? Дæуæй боны рухсмæ бафты зонды тар, Мæнæй — æхсæвы тармæ зонды рухс. Фиппайæм иу миниуæг хъазæнтæй Хъазынхъомæй абонмæ æдзух дæм: Кæныс нæ дæрзæг къухты ’мхасæнтæй Ды рæдау æмхасæнтæ дæ къухтæм. Цард, кæнын фыдæбон æмæ тухæн, Никуы мæ схауд: «Кусынæн — æгъгъæд!» Царды уæз æфсармæй ис æмпъухæн, Зæххыл дæр лæджы ’фсарм уадзы фæд. АДЗАЛМÆ Нырма тæрсыс мæ цæстытæн сæ рухсæй... Æрхуысдзæни мæ маст, мæ рыстимæ: ^ Дæу уыдзынæн æдзæм æмæ фæлурсæй Мæ фæстаг — мæ мæрдон фæлыстимæ. Цæуынц мыл бонтæ тар æмæ уынгæгæй, Æвирхъау бонтæ — нал сын ис кæрон... (Мæ удæн ма уæхскуæз куыст у æнцон), Мæн уый нæ уадзы чъизимæ сыгъдæгæй. 100
Мæ фæндæгтæй кæуыл цыдтæн хындæггай?! Цы скæнын баци талф-тулфæй мæ бон?! Уæддæр мæ цъайæн ’вдадз уыдзæн йæ дон, Мæ цард уым искуы нал зындзæн быгъдæгæй. Нæ зæхх, нæ арв... Фæхæрын ард сæ цъæхæй. Цыдæр амондыл гъеныр къух фæхæст, Куы фæзæгъын — цард разилы фыдæхæй. Мæ хъæбултæ — мæ уд æмæ мæ цæст! — Хуыцауæй — разы, рæзынц мын дзæбæхæй, Мæ удылхæцæг уыдон сты æрмæст. НЫББÆТТÆНТ МÆ РÆХЫСТÆЙ П а р о д и •«Æвæццæгæн, фырзондджынæй æрра дæн, Æцæг æрра нæ-фелгъиты йæхи». Кокайты Тотрадз Æвæццæгæн, фырæррайæ дæн зондджын, Æви уын кæд фырзæндджынæй æрра сдæн? Бæзджын томтæ мæхи ’лгъитгæ фæкастæн, Ныр уæ фæрсын: мæгуыр дæн æви бонджын? Мæ бæрзæйыл фыдивгъуыды æфсондз уыд, Уæддæр фæфыстон чингуытæ: дæ уарзтæн Сæуæхсидæй зæрин тынтæ фæхастон,—- Поэтæй мæ нæ дард байзæддаг зондзæн. Ныр та, мæ Ир, дæ зондцухмæ фæкæс, Мæхи ’дде мæ кæд адæм дæр æлгъыстой, Уæддæр дæ разы бафыстон мæ хæс: Дæ кад, дæ намыс — арвæмвæз мæ фыстæй! Фæлæ ныр кæд æцæг сæрра дæн æз, Ныббæттæнт мæ уæд сынтæгмæ рæхыстæй! ХÆДЗАРХАЛÆГ ФЫДФЫНТÆ П а р о д и «Мæ фынтæн ма цы саразон, Фæдæн сæ «’нæ хæдзар». Гаджиты Барнс. Нæма ныффыстон бирæ, Нæма сæ уыд цæхæр,— Фынты дунемæ Ирæй Фæхауæггаг мæ сæр. Ныххафтой мын мæ бынтæ Хæдзархалæг фыдфынтæ. Цы ма кæнон мæ фынтæн? Кæдæй ’рттивы мæ цæст,— Сæ ратæдзæн мæ зынтæн Мæ фынтæй у æрмæст. Æмхиц ысты фыдæхмæ, Мылазон — тар — сæ хин: Нывэилынц мæ дæлдзæхмæ, Уым -— иблис, хæйрæг, зин... 101
СЫГЪДÆГ ДÆ НЫР... «Мæ раздæры ахуырдзаутæй бирæ тыл фæзынд ме ’рмдзæф. Семæ сæм~ бæлгæйæ сæ æфсæрмы кæнын, цар- ды æцæг нывтæ сын уæд та иу хатр сæ цæстытыл кæй нæ андæгътон, уый тыххæй æмæ мæхи æндæрырдæм аздахын». Денджызты Уырызмæг. «Рæстдзинад», 1990 азы 11 апрель. Цы дæ бон уыд, мæ зæрдæ дыл нæ худы,— Дæу скодта уавæр коммæгæс, ныллæг... Мæ хъысмæтыл нæу мисхал дæр бæрæг Дæ «арфæйаг куыст»,— бахызтон мæ уды. Къоста мын уыд хъылма-хъæстæ æнуды Сыгъдæг уæлдæф, мæ хъизæмар уынæг: А\æ уд йæ фарнæй рухс æмæ сыгъдæг, Ныр ам мæ къах куынæ скъуырин, тæхуды! Нæ цырæгъты, нæ хуыздæрты æххуысæй, Уынæм нæ ивгъуыд чъизийæ, æгъуызæй, Дæ фагæй нын фылдæр фæдæ ды дæр,— Нæ зонды рухс, нæ удварнæй фæкайдтай. Уæддæр æгайтма басастæ, æгайтма, Сыгъдæг дæ ныр, нывонд дын уа мæ сæр!
ХЪАЙТЫХЪТЫ АЗÆМÆТ ЦÆХДЖЫН САЙД Т а у р æ г ъ Фæззæг йæ бурхил фос æлвынынмæ куы бавнæлдта, уæд йæ бирæ фæллæйттæ сырдтæ æмæ адæмæн хæлойфаг фесты. Суанг ма мыстытæ дæр сæ хуынчъытæм уæззау уæргътæ скъæфтой. Рогбазыр мæргътæн сæ сæртæ койаг фесты. Иутæ дзы гуыбыидзуан хаттысты, иннæтæ та хуесармæ атъанг сты. Ходы хъæуы дæр сæ мулк сæ къæбицтæм ссывтой. Цы авд мыггаджы дзы царди, уыдон æнувыдæй сæхи’ рæвдзытæ код- той Арсæмæджы чындзæхсæвмæ. ^ Дыгургом уазæгыл фау æвæраг кæй уыдис, уый Ходы фæ- сивæд дæр зыдтой æмæ рагацау сæ бæрæгбоны дарæсыл фу- футæ кодтой. Сæ уадсур бæхтæм бурарыд цæкуытæй зылды- сты. Ирæды рæгъау кæд иæрдæй тъæппытæ хаудысты, уæд- дæр ма сæ цæхх æмæ нæмыгæй рæвдыдтой. Уадз æмæ, дам, сыл æппæлой стъалытæ сæ цæст æрæвæрой. Нысан бон Хъайтыхъты Тала, Дзуккойты Брег æмæ Сау- халты Дзæрæхмæт ирæды рæгъау æртæ æнæдомд бæхы, цып- пар уæныджы, авд дуцгæ хъуджы æмæ цыппарсион фысты •дзуг Хамыхъоты Данелы кæрты стæлфын кодтой. Дзынагъайы хъæубæстæ къæбæлдзыг нард фосыл сæ цæст æрæвæрдтой æмæ Данелæн арфæтæ кодтой: — Амондджын фосы конд дын сæ Хуыцау фæкæнæд. Ре- ком, фосы Фæлвæра дын ноджыдæр радтæнт. Данслы донхуыз цæстытæ сæууон стъалытау сæрттывтой, йæхицæй ныббузныг æмæ йе ’ртæ фырты ’рдæм фæперт: — Уазджыты нæ уынут, æви уæ дзыхтæй бындзытæ ахсут! — йæхæдæг кулдуары бохъитæ фидар кæнынмæ фæци. — Ахæм ирæды рæгъæуттæ, нæ хъæумæ скъæрынæй куыд сфæлмæцат, уыцы амонд уæ уæд,— уазджытыл баузæлыд Да- иелы зæнæджы хистæр Тазе, æмæ сын еблуагъæ загъта. Хуыцау дын ахæм хорз авæра. Хъæуы фæсивæд февнæлд- той æмæ иутæ кусарт кодтой, иннæтæ та къæрцæмдзæгъд хъаст ныззылдтой. «Æрц тох» æмæ фæндыры зæлтæ суанг бонмæ дæр нал банцадыеты. Фысымтæ сæхиуыл нал ауæрстой æмæ Хуыцауы минæвæртты цармæ скæсын кодтой. Фæлæ дык- каг боп уазджытæ цæуыны къахыл куы систы, уæд сæ фæдзæх- стой: • — Сымах фæндиаг цырен арт бандзарын нæ бон нæ баци, фæлæ ,уæ хорзæхæй, хъаст нæ ма ахæссут. 103
Хур Цыбыроны фæндагыл цас дарддæр цыди, уыйас, ботг зæнгой уагъылыйау хъуынджынæй-хъуынджындæр кодта æмæ Данелы зæрдæйыл цыдæр хинты къуыбылой тыхта. Куы стым- был, уæд æй уромын нал фæрæзта, æмæ йæ иу изæр йæ бинон- ты астæу раргом кодта. <Цот арвдзæфау фестц, фæлæ хъуын- джын зæрдæ фыд бартхъирæн кодта: — Мæ къухты ахаст мын зонут... Мæ уынаффæйыл дыууæ. зæгъæн нæй æмæ уæ пъиритыл æнгом куыиæ хæцат, уæд мьш сар уæ сæр!—Æмæ йæ дæндæгтæ хъыррыстгæнгæ дуарæй ахызтис. — Мæ бындур куыд ныззылд, ахæм цæхджын сайд Хуыцауы зæрдæмæ дæр нæ фæцæудзæн,— йæ уæрджытæ ныххоста Цæ- голон, æмæ йыл бирæгъы дзæмбытæй аирвæзæг фьгсау тæфсæг бахæцыд. Афæдз куырдуаты чи фæбадт, уыцы Езетхан та уа- дзыгау фæцис, фæлæ мады æхсыримæ йæ туджы цы ирон æф- сарм ахъардта, гуыбынæй цы уæздан æфсарм рахаста, уыдон ын йæ амонды сæрыл сдзурыны бар нæ лæвæрдтой æмæ йæ бынаты саст базыр цъиуау бандзыг. Фыд саси доны баппарынвæнд кæй скодта, уыцы Азаухан дæр калмы сæрыл цæхх кодта, йæ сахъат цæстыя хæцгæ куы мады хъæбысы аныгъуылы, куы та йæ хистæр хойыл йæхи бап- пары, фæлæ фыд йæ тæрхон рахаста æмæ- сын Мадымайрæмыг бон дæр ницыуал уыдис. Хæрз æрыгонæй фæсахъат Азаухан. Сæ кæрты хъазгæйæ халамæрзæныл фæкалд æмæ æнæхаиры къæцæл’ йæ галиу цæ- сты бын фæныхсти. Ирон хосгæнджытæ йæ бæргæ сдзæбæх кодтой, фæлæ дзы кæд уынгæ кодта, уæддæр гагуы йæ къусджы дзæбæх нал сбадт æмæ йæ рæсугъд цæегом æвидыцæй баззад. Ноджы ма йын бипонтæ тæригъæдгæнаг уыдысты, йæ къух ьпг уазал доны атулын дæр нæ уагътой æмæ куы рахъомыл, уæд хъæдын къухæй баззад. «Ахæм чызгыл къæбæлдзыг ирæд ничи ратдзæн, зондæй йæ куынæ фессонай искæй къухтæм, уæд йæ фыды уæларт ныкъ- къæрис уыдзæн!» — хинымæры йæхицæй æппæлыди Данел., Куырдуаты дуар гомгæнæн бон æрхæццæ æмæ Хамыхъоты кæрты æрфистæг сты Ходон чындзхæсджытæ,фондз æмæ ссæда барæгæй. Хуыцауы минæвæрттæн «æгас цу» зæгъынмæ цыды- сты канд хъæубæстæ нæ, фæлæ Москайæ, Одола, Стыр Дыгур, Къуссу æмæ Æхсæуы хъæуты фæсивæд. Устытæ уæззау хуыи- тимæ æмбырд кодтой Данелы кæртмæ. Цуайнæгты пæлхъ-пæл- хъæй фыхтысты дзидзайы нард къуылдыхтæ. Физонджыты хус смаг фæздæджы бæндæнтимæ арвыл æмбæлдис, фæлæ мæм кæд иу кафты рад æрхауид, зæгъгæ, фæсивæдæй гуыбыны мæт ферох. Фæндыры рог зæлтæ, лæппуты хъæлдзæг уæрæйдæмæ- дзыхы къæбæлтæ фестадысты айнæг къæдзæхтæ, нарæгкæмттæ æмæ Æрæфы дон дæр. Сæ хъæлдзæгдзинадæй хæхты рухс бар- дуаг дæр скъæбæлдзыг. Хъазты зиллаччы æвзонг талатау ныхæй-ныхмæ лæууыды- сты худджын, кæлмæрзæнджын фæсивæд. Урс дæллагхъуыр„ 104
ндрæгастæу чызджытæн сæ къуыбыр риутæй, туасбындзы ба- зьуртау тæмæнтæ калдтой сызгъæриндоны тылд æгънæджытæ;- Сæ дари къабаты дьгмджытæй сын уадымс гæлæбутау хъазыди; ,,. Уастырджийы цæхæрцæст «аммен» гæнджытæ дæр сæ лæп- пьдн нæ уыдысты. Сæ фæтæн риутæй стъалытау æрттывтой пы-- лыстæгæй конд бæрцысæртæ. Æфсармджын цæсгæмттыл хур- тæ, мæйтæ хъазыдысты. Арсы дзæмбыйы хуызæн, хъандзал æн- гуылдзтæй хъаматы сæртыл хæцгæ алчи æнхъæлмæ каст йæ- цафты радмæ. Иудзырдæй, Данелы кæрты Куырдалæгоны цæ- хæр æмæ Елиайы топпыхосæн ныззери, фæлæ се ’хсæн æфсæр- мы гæнах амад уыд, æмæ уымæ фæныхилын стыр фыдбылыз- тæ сайдта. Ирон хъазты фæз фæсивæдæн лæгъздзинад æмæ уæздандзи- нады хъомылгæнæн бынат у. Иугæр дзы фæлварæнтæм гъопгг зæгъынмæ бацыдтæ, уæд дард агæпп кæнын хъæуы, кæннод* æгады дзыхъы иыххауынæй тас у. Утæппæт фæсивæды æхсæн куыннæ уыдаид кафаг лæппутæ, фæлæ дзы уæддæр уазæг Созайты Хъæвдыны уæздан кафтæн’ æмбал нæ разынд. Хъазты фæзы цæргæсау куы аленк кодта, уæд къæхтæ зæххыл нал хæцыдысты. Сагау гуырвидауц уæнгтьг змæлдыл цæст нæ хæцыди, йæ цухъайы фæдджитæ кæй нæ баз- мæлдысты, диссаг уый уыди.Бирæ зæрдиаг арфæты фæстæ йьиг радтой Хамыхъоты мыггаджы лæвæрдтæй иу: хъумаг сæракæй хуыд хæдбын дзабыртæ, æрттиваг зæнгæйттæ æмæ æвзист æв- загджын уæрагбæттæнтæ. Дыккаг лæвар, хъуымыхъаг зæрингуырды конд хъама, рон æмæ къæбæлдзыг ирои тымбыл худ та рамбылдта диссаджы мæлгъæвзаг æмæ хъуытазхъуыр Гарданты сахъ Темырболат. Уалынмæ райдыдтой барджыты ерыстæ. Сæ гыбар-гыбурмæ урссæр хæхтæ дæр се "нусон фынæйæ райхъал сты. Æрæфы дон дæр фырдиссагæй йæ цæуынæй фенцад æмæ сæм кæсынæй нал æфсæстысты. Бæхтæ фатау цъыгъгъуыттытæ кодтой, æмæ сыл сæ цæргæстæ зæрватыччытау хъазыдысты. Фæлæ сæ рыг акæла, Ходон барджытæ Хъайтыхъты Тала æмæ Дзуккойты Брегыл дзыллæтæ сæ цæст æрæвæрдтой. Уадау уайгæ-уайын дамбацайæ цъиуы цæст нæ ивгъуыдтой. Сæргътæй-иу къорийау" фесхъиудтой æмæ-иу кæрæдзийы бæхтыл абадтысты. Бынтон цирк та дыууæ барæджы, бæхтыл бадгæ, кæрæдзийы сæрты ра- гæпп-багæпп куы байдыдтой, уæд уыди, æмæ адæм фыр адæр- гæй сæ цæстытыл ныххæцыдысты. Фæстагмæ дыууæ æфсургъы, хъазты астæу, сæ фæстаг къæхтыл лæугæ æркафыдысты, гъе,. стæй фæндырдзæгъдæджы ’рдæм сæ сæртæй ныллæг æркуыв- той æмæ бæхбæттæны *рдæм асирдтой. Фæсивæды къухæм- дзæгъд æмæ цины хъæрæй ком байдзаг. Арфæтæн кæрон нал’ уыд. Фысымты хистæртæ сын адджын хъæбысты фæстæ саккаг кодтой къахæй сæрмæ сæ фæлыст, æмæ ма уæлæмхасæнæн^ фæйнæ зынаргъ ехсы. Данелы фырттæ се ’мбæлттимæ кумты къæхтыл хуымæтæ- джы нæ тыхстысты, фæлæ Тала æмæ Брег хæйрæджы цæссыг- 105
мæ æмгæрон нæ цыдысты æмæ сæм Æрæфы донау арах’ьæм- хæццæ бæгæныйы нуазæнтæ сауæзтой. Талайы зæрдæ сæм фæ- къæпп кодта æмæ Бреджы хъусы бадзырдта: — Ацы хæйрæджыты зæрды цыдæр ис æмæ хъæддых лæуу. — Ма тыхс, ме ’рдхорд, сæ нуазæнтæ — хъазыл дон калæ- гау, йæ къух ауыгъта Брег. Цæмæй зыдтой, Данел сын хæлуа- рæгау цы тынтæ бауæфта, уым кæй бахаудзысты. Æрцæуын уæзданæй куыд хъæуы, фæцæуын дæр афтæ. Кум- тæ иу къорд лæппуимæ чындзы Сафайы рæхысы цурмæ бахуыд- той æмæ рæнхъ æрлæууыдысты. Хистæр æфсин бæгæныйы къус æмæ æртæ чъириимæ сæ размæ куы рацыд, уæд ын афтæ зæ- гъынц: — Нæ мады хай, дæу куывд Хуыцауæн барстдæр уыдзæн æмæ дæ бæдулы дæхи къухæй афæндараст кæн. Уый дæр йæ урс сæрыл бæрзонддæр схæцыд æмæ ракуывта: — Йе, Хуцау, ацы саби фæндараст фæуæд, Кумæ цæуй, уомæ амондæй цæрæд, Махмæ нивæ куд ниууадза, Е ’носи кæдзармæ фарнæ куд фæхæсса, Уæхæн нивæ Хуцау радтæд. Æ нивæ хæдзари бæрзонд бадæд, Лæгти идзуаргæ къохбæл хуæцæг кæмæн адтæй, Мадимайрæм æндзиуаргин кæмæн адтæй, Никколæ æ фарсмæ кæмæн лæудтæй, Изæдтæ, идаугутæ — киндзхонтæ кæмæн цудæнцæ, Омæн æнбал ранæхстæр уæд нæ къохæй Нæ хæстæгутæ, нæ синхонтæн ба сæ цорæй, -— æмæ хистæр æфсин кувинæгтæ къухылхæцæгмæ авæрдта. — Хуыцауты Хуыцау, фæрнджын хотæ æмæ æфсымæртæ нæ фæкæн, амондджындæр бон чи бахæстæг кодта, мах дæр уыдон æмбал фæкæн. Ходы бæрзондыл бадæг Уастырджи, дæ бынмæ цæуы æмæ йæ авд амменгæнæджы мад фæкæн. — Хъивоны æфцæджы рухс зæдтæ æмæ дауджытæ, кæд ис- куы хæрзæмбæлæг искæмæн фестут, уæд мах дæр уе ’уазæг, уæ фæдзæхст,— ракуывта Тала дæр æмæ нуазæнæй чындзæн ;куы ацаходын кодта, уæд фæсивæд чындзхæссæджы зарæг ныц- цæлхъ ластой: Ой, нана, } Дæлæ быдыры фарн æрцæуы, Йæ иу уæхскыл хурты хуры тын, Йе ’ннæ уæхскыл мæйты мæйы рухс... Уыцы боны чындз нывджын уыдзæн. Ой, нана, Йæ къухылхæцæг расты Уастырджи Йе ’мдзуарджын та Мадымайрæм Иæ чындзхæсджытæ — зæдтæ, дауджытæ, Гъе, уыцы боны фарн Езетхан.ы дæр Хуыцау фæкæнæд... 106
Зарæджы фæстаг ныхæстæ чындзы гæдыхъæдау нырризын кодтой æмæ хæкъуырццæй ныккуыдта. Кумтæ йын заргæ йæ цæнгтыл фæхæцыдысты. Сафайы рæхысы алфамбылай йæ æр- тæ зылды æркæнын кодтой, æмæ кæртмæ рахызтысты. Кулдуа- ры размæ куы рахæццæ сты, уæд та чындз йæхи фæбыцæугæн- гæ ахæм куыд ныккодта æмæ кумты зæрдæтæ дæр æрбауынгæг сты. «Мæ тын мып мæ къухæй исдзæн»,— йæхимидæг рафыхт Дакел æмæ знæт гогызау чындзы раз алæугæйæ бахъуыр-хъуыр кодта: — Къулбадæджы сæныкк, моймæ фыццаг хатт ды цæуыс, æви дæ сæггатæ цы уадзыс! Дамбацайы дæиг-дæнгау уыцы ныхæстæ ныггуыр-гуыр код- той чындзы хъусты, æмæ сæгуытау фесхъиугæ, йæ къах айст фæдаргъдæр. Зындгонд цуанон Арсæмæджы фыдæбоиæй Дыгургомы хъæуты нард физоиæджы хай чи нæ бахордта, уый зын зæгъ- æн у. Ирон лæг йæ уæлæ хæс нæ уадзы, æмæ ныр уæззау хуын- тимæ комы дзыллæтæ сыстадысты. Фыццаг хæрзæмбæлджытæ уыдысты Æхсæуты хъæу. Уый фæстæ Мæцутæ, Махческ, Уæ- хъæц, Фæспæл, Дунтæ, фæлæ сыл уæддæр рувас Къæмынты хъæуы амбæлд. — Уазæг, Хуыцауы уазæг, ахсæв уын ардыгæй цæуæн нæн, барвæссут ныл,— сæ размæ æрлæууыдысты Гæлиат æмæ Къæ- мунты хистæртæ. Гæнæн нал уыд æмæ уазджытæ дыууæ къорды фесты. Чын- дзимæ кæмæп æмбæлд, уыдон Къæмынты хъæуы Езеты Мæхæ- мæты хæдзары æрфысым кодтой, иннæ къорд та Арсæмæгимæ Гæлиатмæ бафардæг сты. Цалхыдзаг мæй, Урс хохы тигъыл æрæнцад æмæ йæ айдæн куы Гæлиатмæ æрдары, куы та Къæмынтæм. Дыууæ хъæуæн дæр хъуысти фæндыры рог цагъд, къæрццæмдзæгъд æмæ «Айс- æй-аназ-æй»-ы зарæг. Хъæлдзæгдзинад цас тыхджындæр кодта, уыйас æрхæндæ- джы судзинтæ ног чындзы зæрдæйы арфæй-арфдæр ныхстысты. «Цымæ мæм Арсæмæг йæ уаты къуыммæ куы бакæса, уæд цы зæгъдзæн»,— йæ цæссыг згъалгæ, тæрхæттæ кодта нæ ног чындз, афтæмæй йæм дыккаг райсом Мæхæмæты хæдзары къан- нæг рудзыпгæй хур бакаст. — Нæ хо, дысон дæ был уазал доны дæр куынæ атъыстай, иу комдзаг скæн æмæ та нæ фæндаг цыбырдæр кæнæм,— баха- тыд чындзмæ йе ’мдзуарджын æмæ йын лæп-лæпгæнаг уæли- выхтимæ æртæкъахыг фынг йæ разы авæрдта. — Æз комдзæгтыл нал дæн, аргæвдут мæ, æмæ мæ дæлæ куыйтæн аппарут,— нырдиаг кодта чындз. — Æрсабыр у, Езетхан, дзыллæтæ зноп-абон сымах амон- дæн куы кувынц... — Æз уæ чындз Езетхан нæ дæн, æз Азаухан дæп,— ных- хæкъуырцц та кодта чындз æмæ сæм йæ цæсгом равдыста. 107
Æнæнхъæлæджы хабар уайтагъд хохаг хъæуы къуымты зил- гæ дымгæйау æрзылдис. Чындзхæсджытæ æддæг-мидæг ауады- сты. — Нæ, ахæм цæхджыи сайдæн ныфбарæн нæй,-1- бæстæ сæ сæрыл систой Тала æмæ Брег, афтæ Арсæмæджитæ дæр, рыг калгæ, Гæлиатæй æрбахæццæ сты. Æдзæллаг хæлуарæджы тынтæ мыдыбындзы куыд нæ уро- мынц, афтæ Данелы хины тæгтæ дæр апъæртт ластой æмæ чындзхæсджытæ маст исыны къахыл ныллæууыдысты, фæлæ уæззау зондыл хæст Арсæмæг хъаугъа æнæнхъæлæджы алыг кодта: — Зынаргъ æмгæрттæ, дзыллæты цæсты та ма нæхи цы æфтауæм. Сымахыл къæм абадыны бæсты, фæлтау æз хохы сæрмæ сасирæй дон хæсдзынæн, æнæбын тæсчъы та — хуыр. Цыма æгшындæр ницы æрцыдис, Тала, афтæ, цы хойы къухыл рахæцыдтæ, уыйимæ нæ тæккæ хæдзармæ... Æз дæр уæ æййаф- дзынæн,— æмæ йæ бæхы Дзынагъайы фæндагмæ азылдта. Чындзхæсджытæ сæ фысымтæн арфæ ракодтой æмæ заргæ Хъи- воны æфцæджы ’рдæм схæрд кодтой. Мæйдар Дзынагъамæ æрхъуызыд æмæ æнæхъæн комы йæ сау нымæты бын бануæрста. Данел йæ къæбæлдзыг нард фос- мæ зылд фæци, æмæ Хиуы æлдарау къæлæтджын бандоныл йæхи фæстæмæ ауадзгæ, бинонтæн æппæлыди: — Ам лæг п, ам. Уæ кæлых хъулы уын фæрныджи къухы дзæбæх куы фæсагътон. Сымах та мын, арс уæ ныттона, тæр- хъусау туллæччытæ кодтат. — Ма ма цин кæн, нæ лæг, искæй тæригъæд дуры гуыбыньг дæр нæ тайы,— кæдæй-уæдæй йæ хæдзары дзыхыдзаг ныхас сфæрæзта Цæголон, фæлæ та Данел йæ хъуыры абадти: — Де ’взаг бампылæд, цъаммайраг,— æмæ йæ къух куыд фæхъил, афтæ зæххы бынæй фелвæсæгау, хъамайы сæрыл хæц- гæ Арсæмæг сæ уæлхъус алæууыд. Хæдзары хицау йæ зонгуытыл æрхауд. Иæ бинаг æфсæр куыройы гæркъæрагау сдзеудзæлæй, æмæ къæппæджы бахауæг рувасау йæ цæстытæ цармæ ныццавта. Цæголон йæ сæрбæттæн сиахсы разы æрæппæрста æмæ йæ фæлурс былтæ базмæлыды- сты: — Лæппу, хатыр... — Хæстæгдзипады кæрдзын асастат æмæ уын уæллаг тæр- хонгæнæг уæд,— ныккæрзыдта Арсæмæг æмæ дуары æдде фæ- ци. Данелы фæлитой митæ æнæхъæн комыл айхъуыстысты. Ха- мыхъоты мыггаг фыдæй-фыртмæ сæхи цы фаджыс донæй фæ* хызтой, ныр уым сæ хъуырмæ ныссагъдысты æмæ Дзынагъайы хъæу мигъ бонау нынкъарди. — Хуыцауы фыдæх ссара, мах адæмы цæсты чи бафтыдта,— æлгъыстой Данелы хъæубæстæ. Уынгмæ йæ ракаст нал уагътой. Хуьщауы хорзæхæй, дам, адæмы фарн тыхджындæр у, мæн- гæн нæ фæзæгъынц. Данелы хъæубæсты маст гæлдæр нæ ауагъ- 108
та. Иæ кæстæр фырт Хадзы. ирæды бæхтæй иуæй асхъиудта æмæ йæ рахиз цæстæй бакуырм. — Уæ Хуыцау, фæрæдыдтæн æмæ мын ацы карз æфхæрд æгъгъæд фæуæд,— ныдздзынæзта Данел. Рæстæг фæхур-фæкъæвда гæнгæ йæ даргъ фæндагыл цыди, .æмæ Хамыхъоты мыггаджы куырдадзы æндон хъæсдарæджы зæлланг. æхсæвæй-бонæй не ’нцад. Комы дзырддзæугæдæр хис- тæртæн сæ удтæ æрдуйæ нарæгдæр систы, алыхуызон дæгъæл- тæ аразынæй, фæлæ дзы Арсæмæджы æхгæд зæрдæйы дуар бакæнынмæ иу дæр нæ рæстмæ кодта, афтæмæй æртæ азы æр- тæ бонау агæпп ластой. Азаухан йæ мæгуыры бон зыдта æмæ Арсæмæджы стыр хæ- дзары мыды бындзау зилæнтæ кодта. Цæмæ нæ арæхсти, уы- мæй хистæр файнустыты фарста, алы куыстмæ дæр зæрдæрай- гæйæ йæхи размæ æппæрста. Нарты Сатанайау уайтагъддæр фæцалхи хистæртæн лæггад кæнын, кæстæрты рæвдауынмæ. Уымæй уæлдай ма уыдис сабийау æнæхин, хурау сыгъдæг уд, жмæ йæ хорзы кой Ходы уæрæх арæнтæй ахызт. Азаухан фæд-фæдыл, тыхъылы фæрдыджы хуызæн æртæ цæхæрцæст хъæбулы балæвар кодта Арсæмæгæн æмæ дзы Хо- ды хистæртæ æппæлыдысты: — Хамыхъойон нын мыггаджы тулдз хъæд бæзджынгæнæ- гæй басгуыхт, æмæ йын сæ сыгъдæг Мадымайрæм фараст куыд бакæна, ахæм амонд æй уæд. Цъæх бæхыл бадгæ зылдис хъæуæй-хъæумæ, комæй-коммæ Азауханы кад æмæ ма арвæй зæххы ’хсæн уымæй амонджын- дæр чи уыдаид, фæлæ йæ цæгатæй Ходы хъæуы ’хсæн цы уазал мигъы тæлм нытътъæпæн, уый йын йæ амонд æдзæхх хæрина- гау æнад кодта. Хæстæг, хионтæ, ныййарджытæ æмæ райгуы- рæн уæзæджы уындмæ зæрдæ йæ, бæттæнтæ бæргæ рæмыгъта, фæлæ зыдта, Арсæмæг, йæ ард чи басæтта, уыдонæй нæу æмæ быхсыдта. Саст кæрдзын баныхасыныл бирæ фæцархайдта Данел дæр йæ бинонты къордимæ, фæлæ йын дзы ницы уад æмæ сæ тар фынты дæр сæ былыцъæрттæ æхсыдтой Азаухан æмæ сæ хæ- рæфыртты фенынмæ. Мæнгæп нæ фæзæгъынц, рæстæг хъæнтæ дзæбæхгæнæг у, зæгъгæ æмæ Хамыхъотæп дæр Ходоп хæрæг Арсмæджы хæдзар- мæ фæндаг гомгæнæг фæци. Саджы сыкъатыл æвæрдау Ходы хъæу афтæ бæрзопд у, æмæ.йæм суг комы бынæй уæлæмæ хæссын хъуыд. Фыдбылыз- джын уынгæг кæмтты цалх нæ тылди. Цæрджытæн сæ хуыздæр мадзал уыдысты, къæдзæхтыл къах арæхст уаргъхæссæг хæр- джытæ. Алы хæдзары дæр уыди дыууæ, æртæ æнæрдыст нæл хæрæджы. Сыл хæрæг дарæн дзы нæ уьгди. Уырсиу&г афой иу æй аДчи дæр йæхицæн иста, æмæ-иу æй ратæр-батæргæнгæ, былæй асхуыстой. Фæлæ æрдз алцæмæйдæр йæхионтæ домаг у, æмæ-иу. Ходы хъал хæрджытæ дæр хæзгул агур, сыхаг хъæу- тæ Мызуры, Ногхъæу, Зджыд кæнæ Тхамоны бамидæг Сты. 109
Иу сæрдыгон боп та Ходы рæгъау Хъивоны æфцæгмæ хæс- тæг. Рæцауысæр баривæд кодтой. Хъуырманы хæрæджы зæр^ дыл цыдæр æрлæууыди, фосæй йæхи фæтылиф кодта æмæ хох- рæбынты, хъуызгæ-хъуызгæ, æфцæгæй фæфале. Хинæйдзаг хæ- рæг смудгæ-сиргæ фæстагмæ Дзынагъамæ бафтыд, æмæ Дане- лы кæртмæ мидæг моймæ бацыд. Хъуырманы бинонтæ та йæ Тхамонты йедды агуырдтой, иу дур, иу къудзи рæбын æнæ сгæрстæй иал ныууагътой, фæлæ йын йæ фæдыл нæ; фæхæст сты æмæ йыл сæ къух ауыгътой. Фысымтæ дæр цæмæй зыдтой, сегомыг уазæг кæцон у, уый, æмæ йыл фыргуыстæй нæ ауæр- стон, афтæмæй афæдз агæпп ласта. Хъуыддæгтæ аразæг уæллаг у æмæ Хуыцау Арсæмæджы кайысты Зджыдмæ, сæ хорз хæстæджытæ Æгъуызартæм хуым хæссыныл сифтыгъта. Уыдис Кæрдæгхæссæнты хуыцаубон. Данёлы хуындзаутæ, фондз лæппуйы æмæ æртæ чызджы пæр-пæргæнгæ Фæсналæй фæуæле сты. Семæ уыдысты Тазе æмæ Езетхан дæр. Сæ разæй дыууæ хæрæджы хуыны уæргътимæ, Елисайы бабызтау узгæ- узгæ уадысты. Хуыидзауты хъæлдзæг къæл-къæлмæ цыбæл кодтой цъиутæ дæр æмæ сын цъыбар-цъыбурæй зарыдысты. Фæндаджы былтæй сын зад хоры æфсиртæ æркув-æркув код- той. Уæрццытæ сæ, былдыхъ гæнгæ рæствæндагыл æфтыдтой. Уыгæрдæиты дидинджытæ сæм сæ цæхæр цæстытæ ныкъуылд- той. Фæлмæп арм хæххон уадым та сын сæ фæндаг рог кодта, афтæмæй Къæмынты хъæуы цур, хæрджыты рæгъау баиу сты> Гæлиатæй Сидоны базармæ чи цыди, уыцы бæлццæттимæ. Хъивоны бæрзонд æфцæгыл. бæстæ бынтондæр ныррухс æмæ уæнгрог фæсивæды зæрдæ кафын æрцагуырдта. Езетхан йæ фæндыр аивæзта æмæ хъæдабæхуыз цъæх нæууыл Тазеитæ сæ къахфындзтæ æрсагътой. Симд ацайдагъ. Хæрджытæ нарæг къахвæндагыл ахал сты æмæ сæ цыды кой кодтой. Уалынмæ дзы иу урсбырынкъ Ходыр- дæм фæиртæст æмæ уайтагъддæр тигъæй фæаууон. Хуындзаутæ сæ уаргъхæссæджы сæфт рахатыдтой æрмæстдæр Æгъуызарты кæрты. Æнтæф сæттын байдыдта. Уæларвон хурсудзæн Бибийы хъæды сæрмæ бахæццæ æмæ йæ цæст Ходы сæрдыгон Ныхас- мæ ныддардта. Уым дурын бандæттыл Нарты гуыппырсар зæ- рæдтау бадтысты Ходы хистæртæ æмæ рагон царды таурæгътæ иывæзтой. Арсæмæг æд уаргъ хæрæг ныхасы бадæг хистæрты размæ баздæхта æмæ сæ, салам раттыны фæстæ бафарста: — Уæ хорзæхæй ацы хайуан кæй у? — Мæнæ Хъуырманы хæрæг у, фæлæ йæ кæм ссардтай! — бадис кодтой урс зачъе хистæртæ. — Уæртæ -йæ мæ хуымы астæуæй æрбаздæхтон, кæцæй æр- цыд нæ зонын. — Уæу мæнæ ма кæдæй уæдæй мæ хæдзардарæг фæзынди,— бацин кодта Хъуырман æмæ Арсæмæджы афарста: 110
— Æмæ йе ’ккой уыдон та цавæр дзæкъултæ сты? — Ходы Уастырджийыстæн, нæ зонын, йæ хицау ды дæ æмæг сæ фен, æрмæст мын дæумæ хæрзæггурæггаг,— бахудти Арсæ- мæг. Хъуырман йæ хæрæджы уæззау уаргъ æриста æмæ Ныхасы бадæг адæмы раз æрфынг кодта дзаджджыи уæлибæхтæ, фы- сы мард бур физонæгæй, къуприйы дзаг карз арахъимæ. — Цымæ кæй хардз сты ацы бæрæчет,— бадис кодтой чи- дæртæ. — Мах хардз, мах, мæ хуртæ. Афæдз балцæй мæм мæ хæ- рæг хуынимæ æрыздæхт æмæ, уæ хорзæхæй, йæ цæрæнбопьг тыххæй фæйнæ баназут,— бахъæлдзæг Хъуырман. Куыннæ ракуывтаиккой, æмæ куыннæ ссардтаиккой Ходы зæрæдтæ, сæ зæдтæ, сæ дауджыты рухс нæмттæ: Уастырджи, Уацилла, Реком, Фæлвæра, Аларды æмæ иннæ бардуæгты нæмт- тæ, фæлæ сæ хуын æрхæссæджы цæрæнбон дæр нæ ферох. Фæстаг гаджидау нæма фæцис, афтæ Хамыхъоты Тазе æмæ* Садже дæр сæ хæрæджы фæдыл уым æрбалæууыдысты. Ны- хасы бадæг куырыхон хистæртæн сæ хуыны сæфты хабар куы бамбарын кодтой, уæд адæмыл худæг бахæцыд. Хъуырман йæ тæнтыл хæцгæ Арсæмæгмæ бауырдыг: — Цæй, ме ’рвад, ныр та мын цы зæгъдзынæ, Хамыхъоты хуынæй дæ ком куы суагътай, дæ карз сомы иæма халыс? — Ма дзы байрай, дæ хæрæгæй... Гæнæн нал ис, цæхджын хойраг, дам, фидæрттæ дæр сæтты. Марадз æмæ уазæг лæппу- ты сæ хойы хæдзармæ ахон., Гъе, афтæ, æнæнхъæлæджы Данел цы кæрдзын асаста, уый Ходон хæрæджы фæрцы баныхæст æмæ Азауханы зæрдæ уал- дзыгон хурау ныррухс. Уæдæй нырмæ æнус æмæ æрдæджы бæрц рацыдис, фæлæ абон дæр нæ буц хистæртæ ног чындзæн афтæ фæкувынц: «Хамыхъоты чызг Арсæмæджы къонамæ цы бон бакуывтаг уыцы боны фарнæй хайджын у». Хорзы ном мæрдтæм нæ цæуы. :♦:
# ЛЕОНТИИ СТЕДЕР БОНЫЧИНЫГ* Мæздæджы фидарæй Мидкавказмæ балцæн, 1781 аз Фæндаг цæуы галиу былтыл æмæ Цæгат-хурныгуылæнмæ раргомвæййы Хъулгъа кæнæ Кистыты стыр фæз, сæхи Сæлхæ чи хоны, уыдон фæз. Комы- гбацæуæны раз, хурныгуылæнварс, иу уырдыг къæдзæхы астæу ис, æфсæн дзуаргонд йæ хуылфы, ахæм номдзыд лæгæт. Рæхджы, мæйноджы, уома иуыны, дзыллæ ацы лæгæтмæ куывды цæудзысты. Къæдзæхыл зынынц зæ- ронд цæрæндæтты нысæнттæ. Фæз ыстыр у, къуыппытæ, хæхты фæхсты дзы ис цæрджытæ. Рæсугъд æмæ романтикуындæй уыцы комы хуызæн мысгæ дæр ничи ’ркæндзæни. Къæдзæхтыл æмæ дзы бæрзæндтыл алы ран зæронд -фидæрттæ, цыргъсæр мæсгуытæ, пирамидты хуызæн, бæрзонд хæхты фæх- -стыл уырдыг фæзтæ, с астæу хæххон дæттæ, фынкгæнæг æхсæрдзæнтæ, цъæх- цъæхид сæрвæттæ, донуадзыны тыххæй цыл алырдæм мин донхæрæджы арæзт. Къæдзæххæхтæ й ’алыфарс тымбыл æрзылдысты, æнусон ’цъититæ худы хуызæн æрбадтысты сæ бæрзонддæр цъуппытыл, æмæ афтæ зыны, цы- -ма афæдзы цыппар афоны баиуысты иуран. Хуымтæ ’мæуыгæрдæнтыл дурæй систæ. Æмæ хъæутæ зæххæн афтæ аргъ кæнынц, æмæ дзы цæуынæн ныу- уагътой æрмæст нарæг лæзгъæртæ. Стæй дзы æлмæриныуæрхæн зæххыл æгас мыггæгтæ хæдзаруат фæвæййынц. Сæ хуымтæ кæнынæнбæзгæ куыд уой, уый тыххæй цæ алы аз æхсæдынц тулгæдурæй. Аразынц дзы ног дон- хæрджытæ. Стæй хуырджын æмæ хæрд-зæххытæм базилынц. Уыйбæрц би- рæ фыдæбæттæн цын с ’адæмы нымæцы хъуæгтæ зынæй æххæсткæны сэе зæхх. Уый фæдыл дзы алы мыггагæй Стыр Хъулгъайы фæзмæ вæййы ног æрлидзджытæ, стæй ма хæхтыдымджытæм дæр, Сæлхæмæ. Хорызæнг абæ- сты никуы ’рзайы æлмæринæй бæрзонддæр, фæлæ йе фсир вæййы хорз æмæ дзаг. Ацы Хъулгъа куыстуарзон ысты, уæлдайдæр та сæ сылгоймæгтæ, хæ- дзары куыст æмæ дарæсы хъуыддаг кæй бæрны сты, ноджы æвирхъау ыстыр уæргътæ хæхтыл чи хæссы, стæй ма иу аст версты бæрц артаг чи ’рхæссы йеггой. Бæрзонд хæхты кæмттæ фылдæр хатт æнæсуг ысты ’мæ цæм суг ыстыр зынæй æфтауцкæнынц дæрддзæфæй. Мæнырдыгонау, ай у сæйрагдæр аххосаг, сæ хæдзæрттæ дурæй цæмæн кæнынц, стæй сæ хæдзарысæртæ тъæ- пæн цæмæн ысты, сыджыт æмæ хуырæй над. Бæстыхæйттæ ’мæ мæсгуытæ æддейы чъырæйцагъд ысты, фæлæ сæ сыгъдæгдзинад мидæгæй чысыл у. ;Мыггæгтæ цæ аразынц иумæ ’мæ арæх сæ хъæутæ фидаркæнынц систæй, * Дарддæр. Райдайæн «МД» ацы азы 1-аг номыры. 112
стæй цъупп мæсгуытæй, дæс ивазнæй фынддæсмæ сæ бæрзæнд. Сæ хуымгæ сæ хæдзæртты цур. Хæдзарыфосæй дарынц хуытæ, сæгътæ, фыстæ, хæрджы- тæ, бæхтæ иучысыл, стæй хъом. Сæрвæтæй хъуаг кæй ысты, уый тыххæй цын хъомвос дарынæн ис гæзæмæ фадат. Куыд бамбæрстон, афтæмæй цæ бирæ дæр нæ хъæуы. Сæ дарæс æвзæр, тæтæры дарæсау, нымæт сæ уæлæ — Æнтæфы дæр æмæ уазалы дæр. Сæ хæринаг у иттæг кадавар, арæхдæр хæ- рынц кæрдæджы хом уидæгтæ. Стæй ма цæм кæд цуаны руаджы вæййы хорз æхсæвæр... Раздæр цæм хæрынц хистæртæ. Кадавар уæлдæйттæ ныууа- дзынц иннæтæн. Уыдон дæр сæхиуыл хæцынц уыйбæрц, æмæ ма дзы сы- вæллæттæн дæр исты куыд аззайа. Сæ уазæджы бартæ, стæй сæ ис иумæ кæй хæрынц, с ’амонд цын цы ’рхæссы, уый æмхуызон дих кæй кæнынц, уыдæтты фæдыл сæ хъæддаг цæстæнгас фæфæлмæндæрвæййы. Стæй цыма сæ хъуыдытæ адæймаджы хъуыдытæм мах исуарзаг хæрзахуыртæй хæстæг- дæр ысты, уыйау зыны. Уыдон ысты иттæг къæсхуыр, сты бæрзонд, къахæй рог, фидар æмæ æвæлмæцгæ. Сæ цæетæнгас у сæрибар, хъæддаг æмæ хиуыл- хæцгæ. Ныхасæй ысты мæстыгæр, фæлæ уадидæгæн фæфæлмæнвæййынц. Сæ уавæры хивæнд уаг æвдисынц раст æмæ ’ргом. Цард ницæмæдарын цæм у сахъдзинад. Стæй цæм ыстыр худинагыл нымад у тæрсын, æмæ уый фæдыл ысты сонтæхсарджын. Иу хъулгъайаг лæппулæг — йæ кой уын фæстæдæр ракæндзынæн — м ’алы фарс ыссæдз лæгæй м ’адæм æдгæрзтæ, афтæмæй мæ кæд хъавыди марынмæ. — Дæ ныфс мæм куыд æрбахастай бафхæрынмæ? Уый тыххæй дыл ц ’ауайдзæн, уый зоныс? — æмæ йын амонын мæ къамандæмæ. — Раст дæ хуызæн амарынмæ хъавыддæн,— нæ басаст уыцы лæг. — Дæ бынаты дæ скæрдæнтæ кæндзысты. — Уый зонын! — уыди йæ дзуапп æхсидгæйæ. — Дæ мыггаг æгасæй дæр цагъды фæуыдаиккой. Уый бахудти: — Ацы къæдзæхтæм ысхиздзысты. Æмæ уалæ уыцы ран хъæддаг сæгъ- ты иуыл куыднæ ныццæгъддзыстут, афтæ мæнонты дæр. — Хатыр дын кæнын æмæ дын дæ уд нæ исын. — Уый бакæнын дæ бон нæ бауыдзæн, уымæн æмæ æз мæ уд ницæмæ дарын. Сæ мæсты куыд тагъд у, серфæлмæн дæр афтæ тагъд у. Æмæ цæ куыч, бафиппайдтон, афтæмæй уазалтуджыуагæй хуыздæр хæцæнгарз нæй семæ. Фæсивæдæн цæм цуан, лæбурын æмæ хæст ысты сæ номдзыддæр куыст. Стæй абырæгдзинад дæр кæнынц номы тыххæй æмæ сæ мæгуырдзинады ах- хосæй. Сæ бинонты хистæрмæ ницы тых ис, æрмæст цын йæ дзыхыныхасæй æмæ йеууæнкæй у фæндгæнæг. Уыдон нæ зонынц фидар фыстæгъдау, нæй цæм коммæкæсыны фæтк, фæлæ цæм ис æрмæст фыдæлты ’гъдау. Куыддæр цæм, æвæдза, лæппу йæхи хъахъхъæнынæн фæци, афтæ йæ йæ фыд хæцæн- гарзæй ысифтонгкæны ’мæ йæ ныууадзы уый адыл, йæ ныхфыст ыстæй йæхи ■фæндоныл. Нымайынц иунæг Хуыцауы, æппæт ысфæлдисæг æмæ æппæтуы- ромæджы, нывæндтæ йын хæссынц, фос æмæ ’ндæр чысыл истæмæйты. Алы аз фæцæуынц æхсæны куывды дзуарыбынмæ. Фылдæр хатт уыдон разынынц чырыстон аргъуаны хæлддзæгтæ, раджы цæ кæддæр успаддзах Тамар фæ- царæзта уыцы аргъуантæ алыран хæхты. Иу зæронд, иу Хуыцауы уарзон лæг цын вæййы дзуарылæг, нывонд æр- хæссын æмæ кувыны бартæ кæмæ сты. Нывондæгтæй ахæм бæрæгбонты фæ- 3 Мах дуг № 2 113
минаскæнынц иумæ. Чырыстон динæй цæм ницыуал баззад, æрмæст æм да- рынц хорз цæстæнгас æмæ цæм æгад у пысьглмон дин. Быдырмæхæстæг цæрджытæ аргъауынц сæхиуыл, фæлæ ацы ранмæ динамонджытæ’ нæма цæуынц. Уый та уымæн, æмæ цæ иуырдыгæй зæрдиагæй н ’агурынц, иннæр- дыгæй та уый койгæнæг нæй. Хуссарырдыгæй иу бæрзондыл, Ессæдоны дыу- уæ къабазы кæм баиувæййынц, уыцы ран ис иу зæронд агъуыст доны ра- хиз къабазыл. Æгас дзыллæ дзы фæбадынц алы аз. Иу хорз зæрдæйы хи- цау зæронд ну зынгæ мыггагæй кусарт акæны. Куывддоны алфамблай цы мыггæгтæ фæбады, кусарт уыдон бахæрынц. Нывонды сæр æд сыкъатæ, стæй йын не стæг куывддонхæдзарыл сæвæрынц. Хæдзарæн йæ фьтлдæр хай æрæфсæрста, йæ дæргъ — æртæмæссæдз санчъехы, йæ уæрх — авд, йæ бæр- зæнд та — æртæ ивазны. Конд у цыппæрдигъон лæгъз дурæй, фæлæ йæ сæр ныккалди. Хурныгуылæн-æмæ дзы хурыскæсæнфæрсты зыны нарæг разкæрт. Фыдздзаг фарс дзы кулдуарыл уыди цæуæн, фæлæ дзы ацы рæстæг ис дур- тæ æвæрд. Йæ ныры цæуæн у хуссарырдыгæй иу ныллæг дуарыл. Йе стыр- дæр цæуæны сæрмæ дзы ис иуцасдæр æнаив фигурæйы, хъæддаг дурьтл къахт. Иу лæг дзы бады бандоныл. Иæ сæрмæ галиу фарс мигъæй йæ къух радаргъкодта, хæцы тигъбарæныл. Хæстæг æм лæууы иу лæг, йæ галиу къу- хæи йæ разы дзуарыл хæцы, йæ рахиз къухы та — æхсаргард. Иæ комком- мæ рахизырдыгæй иу æндæр лæдзæгыл ауыгъд сæнæфсиртæ хæссы йе уæхсчы- тыл. Фæрсырдыгæй зæдты сæртæ. Уыдон дæр ысты рæсугъд карнизы тигъыл: арæзт. Фигурты сæрмæ уыди грекъаг аргъуаны разкъул, æз æй Хъазыбега- тæм (Сæна) иу ыстыр бæрзондыл куыдæй федтон, афтæмæй. Сæ фыст сих- сыд æмæ йын равзарæн нал уыд. Хурыскæсæнырдыгæй дзы ис дыууæ нарæг рудзынджы, стæй дзы хуссаркъулы æртæтигъон чьтсыл хуынкъ рудзынджы бæсты. Агъуыст мидæгæй у талынг æмæ чъизи, æнæбын, й ’астæу æвзалыйæ дзаг, иывонд артæй чи баззад, ахæм. Æдсыкъа сæртæ, стджытæ ’мæ саст фæттæ иуфарс æвæрд. Хурыскæсæнырдæм хæстæг дзы ис иукъорд къæлæт- гæндтæ, дуртæй æхгæд, зæххыбынмæ дзы цæуæн, аргъуаны дзаумæттæ ’мæ чингуытæ вæрд кæм ысты, уырдæм. Æз дуртæ иуфарс акалынкодтон æмæ уыйфæстæ, цымг/дисæй цы мæхъ- хъæл æрбафæдискодтой, уыдон мæ фæцæймардтой, мæхионтæ ’мæ гомгæнæг мæхъхъæл куы нæ сарæхстаиккой, уæд: диныл цыма иузæрдион дæн адон хъуыддаг уыцырдæм сарæзтой. Ессæйыдон равзæры хуссар-хурныгуылæны Къахеты арæны хъæу Спхий.т. Йæ цæуæн аст версты хæхтыл куыдфæстæмæ фæхуыздæпвæййы ну уырды- джы, стæй бараствæййы хуыздæр фæндагыл суанг Анапурмæ. Ардыгæй йæм уыдзæн иу дæсæмæссæдз версты. Йæ хуссар-хурыскæсæны къабаз та ис Фортандоны райдайæны цур. Аладзаныдон, Къахеты хицæн чи кæны, стæй хуссар-хурыскæсæны Къуарыдонмæ чи бакæлы, уый дæр равзæры уыцы бæрзонд цъитиджын хæхты, ацы ’ртæ доны сæртæ цы ран ысты, уым. Ацы дæтты былтыл ис бæхвæндаг Гехийы равзæрæнмæ, фынддæсæмæссæдз вер- сты хуссар-хурыскæсæнырдыгæй Медихъæумæ, Лекъдзыллæйы арæнты. Цæ- рынц дзы лекъ æмæ хъуымыхъ. Хъуымыхъ ардыгæй Кавказы цæгатварсмæ алыгъдысты. Меди, стæй базар кæм вæййы иу ахæм лекъаг хъæу (Анди хъуамæ) цæуынц кæрæдзимт иу хорз фæндагыл. Мæ хæхты чегъретæ мæ- дарддæр нал хуыдтой, стыр тас у ’рбалæбурынтч зæгъгæ. Фæстæдæр мæм гуырдзы фæхабаркодтой, Ауары бег мын мæ фæстæмæфæндаг кæй бæрæг- кодта ’мæ фæстæмæ кæй раздæхтæн, уый мын хуыздæрæн кæй фæци. 114
Хъулгъайы дæр æдас нæ уыддæн, уымæн æмæ цæм гуырысхойаг кастæн. Æрæджиау мын куыд дзырдтой, афтæмæй цæм уыди фæнд, æз сæ къухы куыд бафтыдаин кæнæ мардæй, кæнæ æгасæй, мæхи куы айстон, уæд. Раст уыдй, æз нывтæ фыссыныл куыд уыдтæн, афтæ мæм иу лæппулæг йæ топи фæцарæзта, фæлæ нын æп мæ тæлмац иуфарс фехста ’мæ уый руаджы фер- вæзтæн. Ай, уæлдæр кæй кой кодтон, уый уыди. Ме мбæлттæ мын кодтой лндзыны фæнд, уымæн æмæ базыдтой, мæ фæстæмæфæндагыл ис абыр- джытæ. Стæй мын комы адæмы ’мбырд дæр хорзынысанæн нæ уыди. Æмæ ’ртæ лæджы ’вджид баззаддæн. Саикуйы хæстæджытæй мæ иу лæг нæ фæ- сайдта (Саикуйæн та йæ уазæг уыддæн). Æмæ мын ныфс бавæрдта, кæд къæдзæхтыл хизынæн исты бакæндзынæн, уæд мæ сæрæгасæй ахоннд. Æз йæ коммæ бакастæн æмæ ну комы хохæфцæгæн æризæр, афтæ иннæ фарс фестæм фæлладæн Гергедоны былыл. Ацы доны- был раджы кæддæр цард Вапийыхъæу. Иу мæгуырхъæд чысыл комы ма уыдонæп иукъорд баззад. Сæ разы иу зæронд аргъуаны хæлддзæг- тæ. Мах фæстæмæ Хуымæллæджыдонмæ рацыдыстæм иу фæндагыл. Хъазы- бегатæм бафты уыцы фæндаг. Мебæрæгон сахъ фысым Саику цингæнгæ ра- цыд мæ размæ. Стыр Хъулгъайы æцæгæлæттыл бирæ цингæнагдæр уыдысты, стæй уазæгуарзагдæр. Сæ уаг, сегъдау уыдон истой ир æмæ кæсæгæй. Уазæ- гæн цæм кæстæрнуæгкæны хæдзары хицау, хæргæ та кæны, уазæг ын цы авæра, уый. Сæр æмæ бæрзæй æрывæрынц фæстаджырдæм. Уыдонæй алчи- дæр ахæры нучысыл. Хъустæ — кæстæртæн, цæмæй коммæгæс уой. Дзидзайы фæстæ цымынц бас. Хæрынц зиллаккæй, дзудздзæджы ’рбадынц, афтæмæн, айдагъ къухтæн. Сæ зæппæдзтæ — къæлæтарæзт, дурæйконд, зæххы уæлæ. Хурыскæсæныр- дыгæй дзы ис иу чысыл хуыикъ, мард кæуылты бавæрынц, æмæ хуынкъыл дур æвæрд. Устытæ пыл сæвæрынц сæ сæрыхил. Æрвдзавды ингæныл хъил ныссадзынц. Хъилыл бакæнынц сæгъдзарм æд сæр. Сæ бæстæм кæд æрцы- дысты, уый нæ зонынц. Фæлæ цæгат хæхты аргъуанты кæлддзæгтæ, нывæнд- тæ кæм хæссынц æмæ мидæмæ цæуыны бар кæдæм нæй, уыдон æвдисынц, рагæи кæп цæрынц ацы ран, уый. Фос дзæвгар дарынц, бæхтæ цæм хорз ис. Хъæздыджытæ сæ фос дæдтынц лæсчъы æдасдæр æмæ фылдæр пайдайы тыххæй. Дæс фысы ’мæ дæс уæрыччы кæнынц аст сæры пайда æртæ азмæ, уома хицаумæ рацæуы астæмæссæдз сæры фæстæмæ. Лæскъисæг куы фæ- зйан уа, æмæ йæм фос нæй зæгъгæ, уæд æртæ азæй æртæ азмæ фиды лæсчъы хыгъдмæ иу хъуг, цалынмæ йын фыст фæуон астæмæссæдз сæры дæр. Хъуг æмæ роды хыгъдмæ та алы аз дæр фидынц фыс. Йæфсы сæрыл — иу хъуг, стæй ма ноггуырд байрæгтæн сердæг, кæнæ дæс азмæ æртæ фысы, йæфс æд байраг. Стæй цы байрæгтæ ныззад, уыдон æмбис. Адон цæм чи ис, уыцы æдæудздзаг æгъдæуттæ сты. Мæгуыртæй цæм æфтиаг кæй хауы, уый тых- хæй сæ сæрыл хæцынц. Аргъауын уадзынц сæхиуыл, дарынц ыстыр ком кæрæйкæронмæ. Уымæй дарддæр ницы зонынц чырыстон динæй. Уыимæ. куывды цæуынц дзуæртты бынмæ. Фæсхорæрцыд та, æфсæндзуар кæм и; уыцы лæгæтмæ. Ацы кувæндæтты тыххæй цæм бирæ диссаджы таурæгьтдг ис. Уыдонимæ Хъулгъайыкомы зæппадзыл дæр, æз дуртæ кæцæй калынкод- тон, уыцы зæппадзыл. Ам зæппадзмæ хъуамæ уа фараст дуары арæзт. Стглр чингуытæ, сызгъæрин цырагъдарæн, лæг æмæ ус, нæ бамбыд ысты, афт^- мæй кæм лæууынц, стæи ма дзы, иу чырьт æд хæзнатæ æвæрд цы ’ран ис. 115
уый. Бæлвырд дзы ’рмæст уый у ’мæ дзы йæ цæуæны æвæрд ис.дур. Дард- дæр йæ равзарын мæ бон нал баци, куыд загътон, афтæ. Иукъорд азы ацы бæстæ Иры чырыстон дины комиссийы сауджынтæ нал басгæрстой, бæхты давды тыххæй. Фæлæ куыд федтон, афтæмæй хъулгьа ’нхъæл ысты ’мæ сауджынтæ сæхæдæг тынгдæр зиан фесты. Хъуыддаг цæй- бæрц равзæрстон, уымæ гæсгæ, ацы æнамонд хабар ракъахæг дæр та уыды- сты сомихы фæлывд митæ. Гуырдзыстоны паддзах Йелечъре йæ сомихæг- тæн бафæдзæхста, кæсæджы ’мæ мах арæны, æфсæддон хаххыл, бæхтæ куыд балхæной. Хъулгъа Иелечърейæ разы нæ уыдысты, хæхты бахъахъхъæдтой æмæ сомихæгтæн сæ бæхтæ байстой. Гуырдзиаг сомихæгтæ сæхи фездæх- той Мæздæджыуонтæм, бæхты йæхи чи бакодта ’мæ Уырысæй æххуысмæ ’нхъæлмæ чи каст, уыдонмæ. Коменданты дзырдмæ гæсгæ Хъулгъа бæхтæн сæ фылдæр фæстæмæ радтой. Кæй цын нæ райстой, уыдон аргъмæ та соми- хы ’взæрст лæгæн хъуамæ бафыстаиккой фынддæсгай сомтæ базайрæгтæй æмæ цыл уый йæ къух æрывæрдтаид. Хъулгъайы хистæртæ сæ фæдыл æрцы- дысты Мæздæгмæ. Ам базайрæгтæн ыскодтой æмбисаргъ, æмæ Хъулгъа ды- вæрыг зиан фестьт, стæй ма цæ ахсгæ даэр æркодтой. Сæ базайрæгтæ ауæй- кæныны бар дæр ма цын нæ радтой сæхицæн. Æмæ хъуыддæгтæ сеппæт дæр пайдауарзаг сомихæгты фæндоныл ацыдысты. Хъулгъа дихкæнынц авд мыггагыл: 1. Тергимха. 2. Аги. 3. Шам — хой-у. 4. Картой. 5. Цимкайбох. 6. Геула-ви. 7. Вапи. Уыдон, сабырæй цæм куы дзурай æмæ цын хатыр куы кæнай, уæд æнцондзырд ысты. Стæй цыл ца- лынмæ сайд æрцæуа, уæдмæ лæгыл æууæндынц. Арæх цын æз уыддæн тæр- хонылæг æмæ алыхатт дæр сæ зæрдæмæ цыди мæ тæрхон. Нæ кæрæдзийы хæстæгдæр куы базыдтам, уæд мæм сергом радтой, стæй мæм хъусгæ дæр кодтой. Ныхмæ-иу кæй лæууыдысты къорд хæттыты, уый уыди уырыссаг тæлмацгæнджыты аххос. Бирæ фыдбылызтæ сарæзтой сомихы фæливæнтæ дæр. Ацы сæудæджертæн сæ сайд базар цыбырдæр куы ’рчындæуид, стæй цын рахæтбахæты бартæ куы нæ уаид, уæд Хъулгъа н ’арæны фидæрттæм, уæлдайдæр та Мæздæгмæ цæуиккой æмæ æнæсайдæй æлхæнгæ дæр, стæй уæй дæр кæниккой. ТЕРЧЫДОН Фæстагмæ Хъулгъаны ныууагътон, Хуымæллæджыдоныл рахызтæн хур- ныгуылæнмæ ’мæ хохдымджыты, æртæ арф, чысыл мæсчъыдæтты сæрты авд верстмæ Дзауровхъæумæ бацыддæн. Хъæу ис Теркæн йæ рахиз бæрзонд былыл, хохрæбынæй дыууæ версты дæлдæр. Хъæуы хистæр Гетта- цытджын адæймаг, разынд мæ фысым Саикуйы хæстæг, æмæ хуыздæр не мбæлы, афтæ мæ бауазæгкодта. Уымæн ис дурæй мæсыг æмæ дурæй агъуыстытæ, аннæ- тæн та ис хъæдын хæдзæрттæ. Сæ кæртытæн — бырутæ. Уый у фыдздзаг нрон хъæу. Гуырдзыйы фæндаг кæддæр цыди галиу фæрсты. Уыцы ран ис иу зæронд фидар, фæлæ йæ Бæлтайыхæхты раз дон фехæлдта. ГУЫРДЗЫМÆФÆНДАГ Æз араст дæн доны рахиз фæрсты иуцалдæр мæсчъыдоны сæрты. Уыцы дæтты фыдæй фæндаг сæдзæнтæ уыди. Уыйфæстæ ахызт хохыдымджыты 'Хсæн хъæдыл. Дарддæр фараст верстмæ ’ввахс фæндаг цæуы быдырыл, Баелтамæ хæстæг. Хъулгъа сæрдыгон ацы ран хизынц сæ фысфос. Иу æв- 116
зæр хъæдынхидыл бахызтæн Бæлтамæ. Бæлта ис Теркæн йæ галиу бæрзонд былыл, йæ цæгатварс ис иу арф къуырф æмæ иу дон. Йæ фæстæ, хурны- гуылæнырдыгæй, уырдгуыты, уым чи цæры, уыдонæн ысты сæ хуымтæ. Хус- сарварс дзы бæрзонд фæцыди иу айнæгхох, йæ сæрты — тæссаг къахвæндаг. Инæлар Гр. Тотлебен, Гуырдзыстонæй фæстæмæ куы раздæхт, уæд æй уыцы фæндаг бахъуыд, хид дзы кæй нæ уыд, уый тыххæй. Хурыскæсæнырдæм дзы уыууылты Вапихъæумæ рацæуы бæхвæндаг. Бæлтайы хæдзæрттæ сты хъæдæйконд, æмхæддзæтæ фæрсæй-фæрстæм æмæ кæрæдзийы сæртыл арæзтытæ. Сæ кадджындæр хистæр у Кулак, уыди æгъдауджын адæймаг. Иннæ цæрджытæ дæр, куыд æнхъæлын, афтæмæй, бæлццæттимæ кæй æмбæлынц, уый фæрцы сты æгъдауылхæцæг. Бæлтайæ æртæ версты уæлдæр тызмæг Терчы сæрты амалтæй хъуамæ бахызтаин йæ рахиз фарсмæ. Йæ донуат лæгъз у, дурджын, йæ уæрх фынддæс нваз- ны бæрц. Доны галиу былтыл цыдыстæм хъæдæн иудадзыг дæр й ’астæу- ты. Бахæддзæ стæм иу къаххидмæ. Иæ разы хъахъхъæнæн мæсыг. Ахмæт Челæхсанатæй дардта туг æмæ йын уымæ гæсгæ уыцы ран æдзухæй дæр уыди гæс. Æз афæлвæрдтон доны бацæуын, фæлæ мæ донæн йæ иугуыр фæстæмæ раппæрста. Стæй дзы —чысыл ма бахъæуа — м ’адæмæй иу фæ- цæйсæфти — дон æй ахаста, æрдæгмардæн ма йæ рафтыдтой. Æндæр гæ- нæн мын нал уыди ’мæ тæссаг къæдзæхтыл галиувæрсты къахвæндагыл араст дæн. Бæхтæ доны батардтам. Фæндаг иу лæзгъæрыл цæуы къæдзæ- хы сæрты иу мæсыгмæ, дон æй цы ран æнхъæвзы, уырдæм. Иæ хуссар æмуырдыг фарс дзы — асин, бæласы цæнгтæй баст æмæ кæрæдзиуыл быд. йæ лæууæнтæ сты дыууæ хъилы ’хсæн. Уыдон кæрæдзиуыл куыд æвзæр фйдаргонд ысты, асин йæхæдæг дæр афтæ ’взæр фидаргонд у къæдзæхыл. йæ кæронæй дæс ивазны бынмæ — къахæвæрæнтæ иу лæгъз фæндагмæ. Уыцы фæндаг галиуыбылгæрæтты цæуы Ахмæты хæдзармæ. Чысыл уæл- дæр дзы,æвæдза — хид, уæд дзы иу зындзинад дæр нал уаид. Бæлтайæ аст версты хуссарырдæм Теркæн йæ галиу фæрсты бацыдтæн Ахмæт, кæ- н’æ Цымимæ*. Цæгатварс дзы иу арф комы. иу мæсчъыдон ызгъоры, до- ныл — сæ куырæйттæ. Хъæуæн йæ иу хайыл дурæй агъуыстытæ ’мæ мæс- гуытæ. Сæ кадджындæр хистæр Ахмæты хæдзар та — сæ тæккæ хуыздæр. Хурныгуылæн æфцæгыл фæндаг цыди Калак æмæ Диргипсырдæм Джы- зæлдонмæ. Хурыскæсæнырдыгæй дзы иу лæгъз æфцæгыл Мæхъхъæлыдо- ныбыл лæууы Сирах, æртæ версты ’ддæдæр Цымийæ. Терчы уым уыди хорз цæуæи, фæуæрæх вæййы, йæ бын лæгъз æмæ хуырджын. Иуцалдæр хиды дзы к ’уаид, уæд Гуырдзымæфæндаг суанг ардæм æнцонвадат у, стæй дзы сæудæджертæ дæр фылдæр пайда кæниккой. Мулдаратæ ’мæ Ахмæта- тæ** туджджын кæй ысты, уый фæдыл фæндаг хæлд æрцыд. Мæ балц кодтон æз хуссарырдæм, Хъазыбегатæм*** Терчы галну фæр сты Ларсы уонг æхсæз версты фæндаг хорз у. Ларсы цæрджытæ сты нымд- гæнæг, бардарæг цæм у Ахмæт, хуинынц Тагаурци****, сты ирон, цæрынц мæгуыр æмæ чъизи, фæндаг кæуылты цæуы, уыцы бæрзондыл. Сæ хæ- * Стедермæ, рæдыдæ й.— Ц ы м ы т и м æ. Цæлмацгæнæджы фип- паинаг. ** Ахмæтатæ-—Слонатæ.—- Тæлмацгæнæджы фиппаинаг. *** Хъазыбегатæм — Сæнам æ.— Тæлмацгæнæджы фиппаинаг. **** Тагаурци — Тæгиатæ.— Тæлмацгæнæджы фиппаинаг. 117
дзæрттæ ’мæ, се скъæттæ сты, кæрæдзийы сæрыл æвæрд. Æвæдздзæгæн хъæдæрмæгæй хъуаг кæй ысты, уымæн. Хъæдæрмæг ацы ранмæ дардæй ласынц. Сæ сæрмæ цын иу айнæгыл ис гæнах арæзт. Уым иуцалдæрæй цæрыпц. Уыцы гæнах чысылæй чысыл у, фæлæ фидарæй та фидар у. Терк ын æхсы йæ рахиз æмуырдыг был. Фæндаг æм хæстæг цæуы йæ фæрсты. Цыппар версты дарддæрæй хъуамæ мæ бæхтæ рарвыстаин. Иу аст иваз- ны бæрц Терк æнхъæвзæнкæны иу бæрзонд айнæгкъæдзæхыл. Бæлццæт- тæн æндæр гæнæн нæй, æмæ тасрæтты къæдзæхы сæрты хизынц. Сæ дзау- ма та цын фæхæссынц хæхбæстыцæрджытæ. Фæндаг айонг хорз уыди, цыди Киредон, Каитдон æмæ Тцадоныл æнæ- къуылымпыйæ*. Ацы ран Гуырдзы амонынц с ’арæнтæ ’мæ лæбурыны тæс- сæй хид н ’аразынц. Фылдæр панда дзы хауди Хъазыбегаты хистæртæ ’мæ иннæ адæммæ, хид дзы куы нæ уыд, уæд. Уымæн æмæ бæлдздзæтты дзаумæттæ адæм Хъазыбегатæм хастой. Хохылхæссæггаг алы барчъийæи дæр фыстой цыппар хæдонæй фондз хæдонмæ. Сембис уыцы пайдайæн Хъазыбегатæм æфтыд. Ацы ран æз баййæфтон пу мæздæггæгты æд чырæ. Фондз боны бафæс- тиат ысты уыдон сæ дзаумæттæ хæссыныл. Иу роггомау хид дзы куы уыдаид къæдзæхты алыфарс, уæд цæ ’ртæ сахатмæ уыд бахæссæн уыцы дзаумæттæ Хъазыбегатæм. Сæудæджейрæгтæ райсы хистæр æмæ, дзаума чи фæхæссы, уыдоныл цæ байуары. Æрцæуы дзы дæвдтытæ дæр, кæд цын седасы хыгъдмæ дæр фыст вæййы, уæддæр. Сæудæджерады хъуыддаг уый аххосæй зынвадаты ис æмæ стыр зынаргъ сысты. Терчыком** цадæггай нарæгæй нарæгдæр кæны ’мæ дон иуцалдæр æв- зæр хиды сæрты фæндаг куы рахиз, куы галиу фарсмæ бахизынкæны. Хид- тæ арæзт ысты дыгай хъæдтæй, цæхгæрмæ цыл пыхс, бæззынц æрмæст фнстæджытæн. Æмбисфæндагыл Цымийæ Хъазыбегатæм галиубылыл ысты Дариелы зæронд арæнфидары хæлддзæгтæ — Кавказы Дуар (Саиса51- 8сЬе РГог1е)кæн хуыдтой. Уый ис, Терк æй цьт ран æнхъæвзы, зæгъæн дæр кæмæн нæй, раст ахæм хæрзвадат къæдзæхыл. Ком æгасæй дæр æр- тиссæдз ивазнæй фылдæр нæ уыдзæн, йæ дыууæ фарс та — бæрзонд æмæ айнæг хæхтæ. Цæхгæрмæ, йæ хурпыгуылæнварс — систы хæлддзæгтæ. Фæн- даг уыцы ран кулдуарыл, сисы ’мбуар бынты афардæгвæййы. Дыууиссæдз пвазны бæрц уыдзæн йæ лыг. Й ’алфамблай айнæгкъæдзæхтæ. Бацæуæн æм ис æрмæст хурныгуылæнварс. Хурыскæсæнырдыгæй дзы къæдзæхтыл къахвæрæнтæ арæзт дон хæссыны тыххæй. Фидары бын дыргъдон æмæ дыргъбæлæсты фæдтæ, кæд а бæсты цæрæг рагæй нал ис, уæддæр. Иу чысыл фидар, гæзæмæ адæм æмæ дзы сармадзантæ — уæд комыхъæлæсæн басæттæн нæ уаид. Ардыгæп Дефдоракдонмæ ис хæрздзæбæх фæндаг. Уы- цы дон кæлы стыр бæрзонд мптджын цъуппæй æмæ цæуы хурныгуылæны Терчы рахизфарсмæ***. Ацы митджын цъупп... Æнусты цъитийы бын йæ тымбыл сæр хæрдмæ ’мæ иннæ хæхтæн сæ сæрты фæлгæсы. Уый, Елбрус, Сат кæнæ Саххох — Кавказы хæхтæн ысты сæ тæккæ бæрзонддæр цъуппы- * Немыцаг тексты ам дарддæр ис ахæм ныхæстæ: «Эоп Ъес1еи1е(: 1ГП Оз515сЬеп ешеп Р1и55» — Редакторы фиппаинаг. I** Терчыком — Арвыко м.— Тæлмацгæнæджы фиппаинаг. *** Рахизфарсмæ нæ, фæлæ галиуфарсмæ.— Тæлмацгæнæджы фип- паинаг. 118
тæ. Авд азæй авд азмæ Дзы сцæндвæййынЦ их, мит, цъити ’мæ фескъуы- йынц хохрæбынæй. Кæрæйкæронмæ Дефдоракыл Теркмæ ’ ныххауынц, цæх- гæр æй ныццауазынц, æмæ дон хæрдмæ тæссагцыдæй фæцæуы. Стæй дол ауæзт фæхуынкъкæны. Афтæ, дыууæ азы размæ Голетыхъæуы ма чысыл хъуыдй алидзынмæ, уымæн æмæ Терк æнæхъæн æртæ боны ахсты фæци \мæ дон хæстæгкæнын байдыдта хъæумæ—Голет та ис ыссæдз ивазны Терчы - сæрмæ. Уыцы рæстæджы Дефдорак, йæ уæлæты фæндаг кæмæн цыди, уыцы Терчылæгъзфæзы иу версты бæрц, саха кæй рахаста, ахæм быронæй цæндтæ ’рывæрдта иу ыстыр уобау. Ацы къæдзæх æмæ зæххы цæндты разынд минералтæ — сæ равзæрыны кой кодтон раздæр. Хурны- гуылæнварс ма цын ыскъуыд рæтты сæ фæд ыссардтон. Толетыхъæу ис фæндагæн йæ иу фарс Дефдоракмæ хæстæг, хохы фах- <еыл. Цæрынц дзы мæгуыр ирæттæ æвзæрарæзт бæстыхæйтты. Йелсчъре- .-æлдар архайдта, цæмæй Гуырдзыстонæй хæхты чи фесæфт, уыдон дзы ба- -цагура. Цыппар версты хуссарырдæм Цудо — иу айнæгыл, Терчы галиу «былыл, быру — й ’алфамблай. Цы бæстыхæйттæ дзы ис, уыдон — чъизи ’скъæттæ, дурæй арæзт, нæдæр цын рудзгуытæ ис, нæдæр — тохнатæ. Хæ- дзары астæу—арт, уый сæ цырагъ дæр у ’мæ сæ тафс дæр. Хъæуыцæр- джытæ — мæгуыр, Хъазыбегатæн хъалондар. Фæндаг хурныгуылæнварс цæуь: Чегердоныл Хъазыбегатæм. Ацы хъæу ис хæхтæн сæ лæгъз фахсы. Цæгатвæрсты згъоры уырдыгæй иу мæсчъыдон. Терчы рахиз былæй хъæумæ уыдзæн сæдæ ивазны бæрц. Чысыл уæлдæр, Терчы бæрзонд былыл, ис хид рахизфарсырдæм, Хъазы- бегатырдæм. Хъæуы ис дурæй агъуыстытæ ’мæ иуцалдæр мæсыджы. Сæ •хистæр Габрел у сæ тæккæ цæрæгдæр, стæй бардарæг а бæстæн. йæ ком- коммæ, галиу былыл, Джерджетыхъæу. Бардарæг æм ысты Хъазыбегатæ*. "Хъæу ис фæзæн йæ уырдыджы, сæ хæдзæрттæ иу чысыл доныл арæзт. ’Хъæуы сæрмæ хурныгуылæнырдæм иу бæрзонд айнæгхохыл успаддзах Та- мары рæстæгæй баззад иу хорзарæзт грекъаг аргъуан. Хурныгуылæнварс дзы ноджы бæрзонддæр ис хæдзарыхæлдтытæ, стæй лæгæттæ. Рагон хъуыт,- лæгты таурæгъ мæ афтæ бацыбæлкодта ’мæ, иугай нæзыбæлæстæ кæм за- ди, ахæм ыстыр хохы сæр фестаддæн. Уым цъитихохрæбын ыссардтон бæс- тыхæйтты фæдтæ. Уыдонæн сæ равзæрæн, стæй цæ цæрæг кæй уыд, уый æз не мбарын. Мармæрдур æм дзæнхъатæй бæстыхæйттæ, митыл хъуамæ чи лæууыдаид, æвæдздзæгæн æмæ ихæй арæзт уыдысты. Ихыхъæпæнтæй дзы алыхуызон галуантæ ’мæ мæсыджы нывтæ рауад. Стæй хурытынты хъазынæй цы фæтасæнтæ аразы, уыдон руаджы алцыдæр æнцонæй кæй бауырны, уыцы дзыллæ фылдæр куырм кодтой. Мит æмæ цъитийы сæрмæ ’ссæуын зын у, се скъуыдты сæрты ахизын та — стыр тас. Грекъаг мола- дзантæ, хохыцъуппытыл цæрын кæй зæрдæ загъта, уыдон хæлиукодтой, æвæдздзæгæн, мин мæнгдзинады æдасæй, уыцы ранмæ ссæуæн кæй нæ уыц, уæлдайдæр та, уый тыххæй. Уыцы таурæгъты ис иу сызгъæрин пæрпæргæ- наг бæлоны кой —иу агъуысты астæу дзы, цыма, уый ауындзæгæй лæууы. ’Оæй ма ноджы ’ндæр ахæмтæ. * ХъазыТ5егат æ—С о^ыкъат æ.— Тæлмацгæнæджы фиппаинаг. 119
Хъазыбегатæй цыппар версты уæлдæр Теркмæ кæлы Чуда*, Теркæн Лæ- иу къабаз. Иæ былыл цæрынц Гудсауыртæ** — муртакк-æмæ абырæг- дзыллæ. Сæ бакомкоммæ бæрзонддæр Тусы адæм. Уыдон Иелечъре-пад- дзахæн ысты æнæсайд. Стæй йыл ысты иузæрдион. Свиц кæнæ свейцар гвардийæн ысты йæ разы ’мæ кусынц мыздыл. Адон сеппæты дæр Къахе- ты ’лдæрттæ нымайынц с ’адæмыхаттыл. Хонынц цæ хебынцытæ, уома — комыцæрджытæ. Цæгат хурныгуылæн Кавказы, уома æцæг Терк фæстаг митхæхтæй кæм равзæры, уым фæндаг Калакмæ цæуы дзæвгар уæрæх. комы. Ацы бæсты зыны алыхуызон суæрттæ. Верст æмæ ’рдæг уæлдæр^ Хъазыбегатæй, Терчы галиуфарс дзы ис иу. Æртæ версты дарддæр та дзы аннæ. Иннæтæ Гуырдзымæфæндагæн ысты йæ хуссар-хурныгуылæн фарс. Æрæджиауырдæм дзы разынынц фæстаг, стæй иуыл бæрзонд митхæхтæ, Сæ цæгатварс Терчы равзæрæнтæ цы ран ысты. Сæ хуссарырдыгæй та Арагуийы райдиан ихы бынæй кæм равзæры. Калакмæфæндаг цæуы Ара- гуимæ хæстæг. Стæй Калакæй уæлдæр Цегетта***-йы раз Къуарыдонмæ бакæлы. Фæндаджы фæйнæфарс ис бирæ чысыл хъæутæ алы рæтты. Ца> гатæй хуссармæ уыцы хъæутæ сты афтæ æвæрд: Нургабан, Поссети, Ара- хан, Грибетте, Тотти, Карсетти, Гарзихи, Кортусси, Атсготти, Цаноби, Сио- ни, Галгази æмæ Коби. Адон ысты фынддæсæмæссæдз верстмæ Гуырдзы- стонмæ, кæна та растдæр — Картвелмæ цæугæйæ. Фæндаг кæд æмæ къуып- пытæ у, уæддæр æнцондзыд уаид бæргæ, кæмтты йæм иучысыл зылд куы ’рцæуид, уæд. Стæй хохы уырдгуыты цæлхвæд фæхуыздæры кой куы бакæ- нид исчи. Къобæй фæндаг æнцонвадатдæр цæмæй уа, уымæн саразæн ис. Рæдыд цæстæнгас æм ис Кавказы фæндагмæ. Зонгæ дæр æй чысыл кæнынц. Уæдæ, куыд æмбæлы, афтæ сгæрст дæр нæма у. Уымæгæсгæ ’нхъæл ысты ’мæ дзы цæлхвæндаг саразæн нæй. Афтæмæй та йæ аразгæ дæр кæнынц. Уыимæ атауыскодтой, æрмæст дам дзы фистæгæй ис цæуæн, æмæ дзы ’рмæст- дæр къахвæндаг ис саразæн. Æз æм дыууæ хатты куы ’ркастæн, æмæ йæ’ ставднымæдтытæ куы бакодтон, уæд мæм афтæ зыны ’мæ йыл дæсмины бахардзкæн, æмæ дзы уæрдон æдæрсгæ атулдзæн. Сармадзантæн чи бабæз- за, ахæм фæндаг дзы ис саразæн. Стырдæр æмæ дзы зынаргъдæр зындзи- нæдтæ ис дыууæ: иуæй хъæуы хидтæ саразын, аннæмæй та фæиуварскæньпг хъæуы Терчы къæдзæхдуртæ, сæ фæрсты ацæуæн кæмæн нæй, уыцы дуртæ. йæ тæккæ ивылдæй дæр дзы дон фылдæррæтты дæс ивазнæй уæрæхдæр к«æ вæййы. Иукъорд дурцæджындзы — доныбыл. Уыдоныл хъæдтæ уагъд, адоныл та цæхгæрмæхъæдтæ. Стæй йыл пыхс æмæ сыджыт калд куы ’рцæуа, уæд хид арæзт фæци. Мыййаг æй дон ку’ атона йæ ивылдæй, уæддæр та ’нцон саразæн уыдзæн. Дыууæ адлийы, стæммæ ну ивазн сæ бæзн кæмæн у, уыцы дуртæн ис æнцонæй асыгъдæггæнæн: фехсын цæ хъæуы топпыхосæйи Дур, чъыр æмæ хъæдæрмæг иттæг арæх ысты доныбылтыл. Уыимæ хохъ* адæм чысыл мыздыл дæр кусиккой. Æз ныр байдайдзынæн фыссын астæуыггаг Кавказ, уæлдайдæр ирæтты- тыххæй, сæ хурыскæсæны арæн Теркимæ кæмæн баиу. Гуырдзыстон баззад æндæр сæрмагонд балцæн. * Чуда — Гуыданмахъæрдо н.— Тæлмацгæнæджы фиппаинаг» ** Гудсауырт æ—X ъудысуарт æ.— Тæлмацгæнæджы фиппаинагч *** Цегетта—Схета.— Тæлмацгæнæджы фиппаинаг. 120
ИРЫСТОН Ирæттæ кæнæ уырыссагау оссетинцытæн сæ хурыскæсæны Терк æмæг Хъулгъа, хуссары — Гуырдзы ’мæ Имерет, хурныгуылæны Лесченыдон æма&’ Стыр Кæсæг*, цæгатварс — Чысыл Кæсæг**. Дæргъмæ хурыскæсæнæй хур- ныгуылæнмæ хъуамæ уа фынддæсæмæрттиссæдз версты. Иæ уæрх цæгатæй хуссармæ цæгатхæхты — фынддæсæмæдыууиссæдз версты. Иннæ фарс таг хуесары, дæсæмæссæдз версты — сахатмæ гæсгæ йæ куы нымайæм, уæд. Ирыстойнæгтæ цæрынц Кавказæн йæ астæуыггаг æмæ йæ бæрзонддæр хайы. Цæгатварсцæрджытæм разындзæн æхсæзмин хæцæглæджы. Хуссайрæгтæм1 та, Гуырдзы ’мæ Имереты уазæг чи у, æдæппæт разындзæн цыппармин хæ- цæглæджы. Сæ бæстæтæ куыд алыхуызон ысты, сæ дзыллæты уынаффæйы арæзт дæр афтæ алыхуызон у ’мæ дзы алкæцы хъæубæсты адæм дæр у хи-- цæн уагыл иумæбаст. Хуссайрæгтæ сæ сыхæгтимæ сæмхæддзæ сты, дзурынц фылдæр гуырдзыйагау. Адон сæ хъæздыг зæххыл хъуамæ хъæздыг цардаик- кой, сæ хистæртæ ’мæ æлдæртæ цæ куы нæ хъыгдардтаиккой сæхи пайда- йæн, уæд. Ацы хистæртæ сæ сыхаг æлдæрттæн кусынц мыздыл. Уыдон æх- хуысæй хицауад кæнынц иннæтæн. Гуырдзыйы арæнтыл цы ир цæрынц, уы- дон Имереты арæнтыл цæрæг ирæй тынгдæр домд æййафынц. Цæгатварс митхæхты цæрджытæм бынтондæр бархъомыс ничи дары. Фæлæ цæм хох- рæбынты сæ хистæртæ къухгæнæнтæ ссардтой, цæмæй цын сæ бартыл æр~ хæцой. Кæсæджы цæстдард цын æххуыскодта фæстæгтæн ацы уæлахиздзи- нады. Кæсæгæн уыдон уыдысты сæ вассалтæ, сеппæт сæ дæлдæртæ ’мæ кæ- сæджы ’лдæрттæи фыстой хъалон. Фæлæ æнæуаг, æвирхъау кæсæг канд: хъалонисыныл нæ уагътой сæ кæнон, фæлæ ма цын сенæсæрæнты дæр ыскъ- æфтой æмæ цæ уæйкодтой. Ир кæсæгæй сæ маст истой хуыснæгдзинад æмæ* фæндæгтыл лæбурынæй. Уыцы хуызæнæй дыууæ адæмы ’хсæн сырæзти фы- дæхдзинад. Кæсæг æй тынгдæр æвдыстой æгадыцæстæнгасдарынæй. Ир та* нæ цыренкодтой мастисынæй. Уыцы уагыл дыууæ адæмы абоны уонг арæз- той сæ иумæйаг цард. Сæ фыдæлты цардæй цын цы уацхъуыдтæ баззад, уыдон мидæг фидар æмæ ’ххæстæй ницы ис. Уымæн æмæ нæдæр кæсын зо-- нынц, нæдæр фыссын. Сæ сыхæгтæм та номдзы^ ысты ’рмæст с ’абырæг- дзинадæй. Талынг с’ алфамблай кæй ис, уый тыххæй Ирæн сæ таурæгътæ, се- сгуыхты зарджытæ ’мæ сæ талынг æгъдæуттæ сты сæ истори. Сæ тохьГ зарджыты уыдон ыстауынц хинæйдзаг хуыснæджы хæтæнтæ, æхсарджын фæлæбурдтытæ, фос ратæрын æмæ адæмы скъæфын æмæ ноджы уыдон хуы- зæн æндæр митæ. Къорд аргъуаны хæлддзаджы, цалдæр дзуарыбынаты ’мтб" къохы ’вдисынц, кæддæр чырыстон динмæ здæхт кæй уыдысты Алы ком, алы бæстæйæн дæр дзы ис аргъуан. Ацы рæстæджы ма уыдон зонынц æр- мæст Йелиа, Ныккола ’мæ Уастырджийы. Уыдон дæр сæмхæддзæкодтой’ би’рæ диссæгтæ ’мæ рæдыд уырнынтимæ, сæ зонд куыд арæзт у, уымæ гæс- гæ. Сенахуырдзинад, сæ хъæддагдзинады дуг цын æвдисынц, фæндаг кæ- дæм иæй, уыцы лæгæттæ, стæй ысхизæн кæдæм нæй, уыцы хæхтæ. Сæ хæ- лиу хъæуты алыфарс — мæгуыр зæххыхъæд. Уын цын сæхи цæмæй ысхæс- сой, уымæн ницы дæдты. Ахæм рæтты цæрын сæ бон бауыдзæн иукъорд адæймагæн, йæ царды фадæттæ цуан æмæ лæбурд кæмæн ысты, стæй йæ- хæринаг сæ бæсты арæнтæй дарддæрæй чи ’фтиагкæны. Сæ бирæбауын цæ- * Стыр Кæсæ г—Б и а с л а н т æ.— Тæлмацгæнæджы фиппаинаг. **Чысыл Кæсæг—Че л æхсанатæ.-— Тæлмацгæнæджы фиппаинаг.. 121
-уыууыл домдта, цæмæй хæринагæй æдыхст-уыдаиккоп. Сæхй хъахъхъæныны -тыххæй-иу мыггæгтæ баиу ысты, стæй цуан дæр иумæ кодтой. Уый фæдыл æхсæнады фыдздзаг къахдзæф уыдон акодтой мидхæхты. Сæ цæрæнбынæт- •ты алыфарс цын сæ фосæн иучысыл сæрвæттæ, стæй, куыд зоныс, ахæм хуымгæнд. Уыдон руаджы ирвæзтысты стонг рæстæг. Сæ бæстыхæйттæ арæз- той къæдзæхæйхауд дурæй иу айнæджы фарсыл, намæ иу бæрзондыл. Уыр- дæм æрмæст къахæвæрæнты руаджы уыди цæуæн. Уыцы хæдзæрттæн сæ -фæд алыран дæр зыны хъæутæм хæстæг. Лæгджын мыггæгтæ-иу уыйбæрц тыхджыи разындысты ’мæ-иу сæ ныфс бахастой ныллæджытæм æрлидзын- мæ, кæмтты хъæздыг зæххытæм. Уыцы ран-иу сæ дурагъустытæ зилдухæй сарæзтой, стæй цæ-иу мæсгуытæй ысфидаркодтой. Сæ хуымгæнд — с’ ал- . фамблай, топпæхстмæ. Æвæдза сæхи хъахъхъæнын бафæраздзысты зæгъгæ, уымæй цæ ныфс фæци, уæд, хæхты хæлиутæй цы мыггæгтæ баззад, уыдон- мæ-иу лæбурын байдыдтой. Æвзæргæнджыты тæссæй уыдон дæр кæмтты сæхицæй ыстыр дзыгуыртæ сарæзтой, хъæутæ та зылдтæ баисты. Уыцы - уагæй равзæрдысты Дзарах, Цыми. Сæ мыггаг Тæгиатæй кæмæн у, Хъобан æмæ Дæргъæвс Джызæлдоныл, Куырттаты зылд Погкдоныл, Уæлладжыр Æрыдоныл æмæ Дыгуры зылд æмæ уырдыгæй алидзджытæ — Урсдоныл, , Дурдурыл (уæлдайдæр та Æрæфыл). Стæй ногæй Лескеныл — ногралидзæг хъæутæ. Лæгæттæ, тызмæг хæхтæ ’мæ, фæндаг дæр кæм нæ уыд, уыцы • хъæутæ бæргæ ныууагътой, фæлæ сæ зæронд æгъдæуттæ ’рхастой кæмттæм. Семæ хæстæгбаст чи нæ у, сæ хъæу, сæ комæй чи нæ у, уый цын æцæгæлон у, нæ йыл ауæрдынц, знаджыцæстæй йæм кæсынц. Зианкæнынц сæхицæн, сæ кæрæдзийæн фыдбылызтæ аразынц, сæ иутæ иннæтæй хицæнтæ кæнынц. Сæ хæлардзинад хæлд у, кæрæдзимæ хæстæг нæ цæуынц æмæ ныр дæр ма • нæ уадзынц сæ хъæддаг митæ. Цуан у с’ ахъаззагдæр цæрыны фæрæз. Уый цæ скодта тыхджын, æфсæддонарæзт æмæ хæстмондаг. Ноджы сенусы æнæн- цой, сæ лæбурд — цуанкодтой адæмыл дæр ма. Лæбурын æмæ марын сысты уыдонæн сехсызгондæр сагъæс. Уыдæттæй цæм гуыры тугисын. Фидар æгъ- дау цæм кæй нæ и, мæгуырхъæд кæй хæссынц, уый тыххæй севзæркæнын сæ сæрæн фæуæлдæр. Стæй æнæиудзинады тауинаг æмæ кæрæдзийы фæдыл фыдæй зилын сехсæн ахæлиу ысты. Уый цын дардкæны сæ хъæутæн æгъда- уыл иумæбаст. Стæп кæрæдзийæ кæй тæрсынц, уый та цæ днхкæны цоджы мыггæгты сæрыл. Карæн, тых, стæй уæлдай ысгуыхтдзинæдты фæдыл æв- зæрст цæуынц сæ хистæртæ — мыггаджы ’мæ хъæуы фæндгæнджытæ ’мæ раздзæуджытæ. Фыд уæддæр бархъомысдарæг у йæ ус æмæ йæ зæнæгмæ, йæ зæрдæхъыджы бацыдысты зæгъгæ, уæд. Æмæ ма цалынмæ æдыхдæр -вæййынц, уæдмæ цæ уæй дæр кæны. Зæнæг -куы байрæзынц, уæд сæхи хъахъхъæнынц сæ фыды бархъомысæй сæ тыхы фæрцы. Уисæнгæнынгæнæг фидарæвæрд æгъдау цæм кæй нæй, уый тыххæй нæ сæфы мыггæгты иудзи- над. Æрмæст æдых цæмæй ма уой, стæй хуыздæр цардыл бафтой — уый сæраппон рæхысбаст ысты æхсæнадыл. Сеппæтæн тас куы вæййы, уæд хъæу иргъæвы йæхи иннæ хъæуæй, иу ком иннæ комæй æмæ сæхи æнгомдæр ысбæттынц иумæ. Хъæуы сæраппон дзы искæй æфхæрдæуы зæгъгæ, уæд æй хъахъхъæнынц сехсæны. Тас куы нæ уал вæййы, уæд та мыггæгтæ фæхи- * Стедерм æ—-р æ д ы д æ й—Ц ы м ы т и.— Тæлмацгæнæджы фиппаи- ». наг. 122
цæнвæййынц æмæ та мыггæгты ’хсæн тыхыфæндагыл иу иннæмæй йæ маст исы. Мастисын æгæр куы стынгвæййы, уæд хистæртæ исты амал агурыи байдайынц, цæмæй ызнæгты басабыркæной кæнæ дзырдæй, кæнæ тыхæй. Зиантæ дыууæрдыгæй æмхуызон к’ уой, уæд æхсæнылæгты дзырд исты ла- сы, намæ уæлдай чи амара, уый хъуамæ фос бафида уыцы уæлдай зианы сæрмæ. Тугисын æмæ хифæндон атæрын мыггагæн хæс у. Æмæ йыи хæс цы у, цалынмæ уый сæххæсткæна, уæдмæ ис æгады бынаты. Иузæрдион масти- сыныл, æвзæркæнын æмæ цæм марын ысты лæгдзинæдтæ. Уыдæтты тыххæн амæлын та цæм кад у. Æртывазыгджын тых цьгн иучысыл уыромы сенæуаг. Уыдон ысты: сегъдауы тых, тас иуылбæрзонд уæвæгæй*, кæнæ фидæнæй, фылдæр та тæссаг мæнгуырнынтæй. Иу æгъдау цæ домы хистæрæн кад дæд- тын. Дзыллæйы раз фыдздзаг радзуры хистæр. Кæстæртæ йын дæдтынц сæ бадæн, йæ разы сыстынц, йæ лулæ йын ыссудзынц, бар ын радтынц æп- пæты разæй йæхи бафсадынæн, кæсынц йæ коммæ. Иудзырдæй цæм зæронд алыхатт дæр æмæ алыран дæр нымад у. Худинаг цæм у сылгоймаджы баф- хæрын. Сылгоймаг цæм кæй сæрыл ысдзура, уымæн фыдбылызæй тас нал у. Æвæдза цæм сылгонмаг гомсæрæй, йæ дзыггутæ хæлд, афтæмæй хъæр- гæнгæ бацыд, уæд туг акалынмæ чи хъавыд, уыдон æфсæрмæй сæ кæрдтæ сæ кæрддзæмты ныццæвынц æмæ фæйнæрдæм араствæййынц æндæр хуыз- дæр фадатмæ Сылгоймагæн йæ дзидзимæбавнæлдæй æцæгæлоны хи хъæбу- лыл банымайынц. Иу мадæн йæ иунæг фырты топпæй амардæуыд. Марæг, кырма лæппулæг, йæ хъама дæр йæ къухы, афтæмæй азгъордта, кæп амард- та, уый мадмæ ’мæ йæм хаты, цæмæй йын йæ дзидзи адара**. Тыхдомды фæдыл хæстæджытæ фæлгъуыдтой, цæмæй сæ туг райстаиккой. Уый тых- хæй, ком цын чи нæ лæвæрдта, уыцы мады бафарстой, уымæн æмæ нын йæ дзидзи бададта. Мад ысхъæркодта — уый дæр ма мард куы фæуа, уæд йæ дыууæ лæппуйæ дæр афтидæп баззайдзæн. Уый хуызæн арæх мæрдты ’хсæн цæм искуыиухатт æрцæуы мард сылгоймаг дæр. Куы ма йæ уæй дæр акæ- нынц, стæй нæ цагъайраджы ран дæр дарынц. Сæ уазæджы сæхи куыд хъахъ- хъæнынц, афтæ йæ хъахъхъæнынц. Æмæ раздæр йæхæдæг амæлдзæн, цæйнæ- фæлтау йæ уазæджы хай ызнаджы бар ныууадза. Р1æ туг дæр ын райсдзæн. Сæ лæппуты дæдтынц хæссынмæ æцæгæлæттæм, арæх та æгас хъæубæс- тæм æмæ кæмттæм. Се схæсджытæ цæ’гæрзтæй сифтонгкæнынц æмæ уый- фæстæ бахæстæгвæййынц, сæхи кæрæдзиимæ иумæ сбæттынц. Иугæр, æвæ- дза, марæгæн бантыст, кæй амардта, уый лæппуйы аскъæфын, уæд тугисын нал фембæлы. Марæг лæппупæн ысвæййы йæ кæнгæ фыд, не схæссæг. Ахæ?л фæрæзы руаджы тугисæг æмæ марæджы мыггаг æрвадæлтæ свæййынц. Сæ- химидæг давдæн æртывидтæн, хистæртæн æхсæзыфидтæн, æлдæрттæн та — фарастæй. Æппæтфæразон тыхы тæссæй давын нæ уæндынц Ирыстоны, уымæн кæй ыснысан, кæй ыснывондкæнынц, кæнæ уыууыл кæй бафæдзæч- сынц. Дзуарыбын зæрдæ куы сæвæра, уæд æй нæ сайы, кæд æмæ цыфæнды талынгæмæ рæдыд ысты сæ хъуыддæгтæ Хуыцауы сæраппон, уæддæр. Бирæ æдылы, æнæсæрфат митæ, чырыстон дин æмæ мæнгуырныны змæст цын * Уома Хуыцауæ й.— Тæлмацгæнæджы фиппаинаг. ** Ацы ’гъдау — фырт, лæппу кæныны ’гъдау канд Ирыстоны нæ, фæлæ иннæ хæххон дзыллæтæм дæр ис æгас Кавказы. Пъа ’мæ хъæбыстæн тыз- мæгарæзт хохыцæрджытæ ницы зонынц. (Паллас). 123
баззадысты сæ фыдæлтæй. Æмæ сæ зондарæзтимæ уыцыиу уагыл кæм лæу- уынц, уый фæдыл дины æмхæддзæ, стæй йæ мæнгуырнынтæ тыхджындæр’ кæнынц. Æппæт адæмæй Хуыцауæн цы афæдзы нывонд æрхæссынц^ уый йын хъуамæ ’хцон фæуа. Хæрыны агъоммæ фæкувы хистæр, хæцы нарды хайыл, кæнæ уыргыл, уæхстыл кондæй, бахай-дзы-кæны, йæ разы чи исг уыдонæн, иннæ арты баппары. Стыр тасимæ ’рзоныгылкæны дзуарыбын сæ хистæр, кувы, стæй нывондæн æрхæссы исты — кæнæ хæринагæй, кæнæ йæ дарæсæй. Кувæндæттæ фылдæр хатт вæййынц дурыцæнд- тыл, кæнæ къæдзæхтыл, исты тас кæм у, ахæм ранмæ хæстæг. Цæх- джын кæфы хай цын адджинаг у сæхицæн, æмæ цæм уымæ гæсгæ- цытджын кувинаг у. Мæнæй куырдтой буд марды хæдзары. Æндæр* мæм ницы разынд, æмæ цын радтон сæкæр иучысыл, стæй дымынытамако, буды, кæнæ цын хорз тæфгæнаджы бæсты чи ацыдаид. Сæ мæнгуырнынтæн’ кæнынц æнахуыр æвдыст: афтæ уыдон худæджы ард хæрынц гæдытæй, куч- тæй, мæрдтæй æмæ бирæ ’ндæр истæмæйты, сæ цуры цы фæуа, уымæ гæс~ гæ. Фыдгæндгæнæг ракæны гæдыйы сæр, кæнæ куыдз æрцауындзы ’мæ фыд- гæндкæны уыдонæй мæнг ардхæрды тыххæй йæ гæды куыд тона, куыд хæцл мæ дзы йæ маст куыд райса. Ингæны уæлхъус ирон лæг сиды мæрдты удтæм, æвдисæн ын куыд уой. Йæхи цын сæ цагъайраг кæны. Стæй алы- хуызон удхар куыд кæна уыцы дунейы, кæд мæнг ард хæры, уæд. Стуры æддæмæбадæн лæдзæгыл бацæвы ’мæ уымæй фыдгæндкæны — хуыснæг мæрдтыСæсты уымæн Пæхи куыд æфсада. ^ГуыснæгæП йæ фос афтæ хорз ничи бахъахъхъæндзæн, ахæм фыдгæнд ын æй куыд бахъахъхъæна. Сæ кæрæ- дзийæн хæлардзинадæй ныфс кæй сæвæрдтой, уый нысанæн ныссадзынц зæххы цæджындз. Стæй дзырд бакæнынц, йæ дзырд цæ чи фæсайа, уый хъодыгонд куыд æрцæуа. Акты бæсты цæм кæнынц угæрдтæ къæцæлыл, алы угард дæр цын нысанкæны хицæн хъуыддаджы сæр. Фыссын æмæ кæсын нæ зонынц æппындæр. сæ рæстæг ныма.-.ынц ахæм уагæ.Т: куывддæтты ауыгъд сæртæ ’мæ сыкъатæй сæ зæрдыл дарынц, нывонд æрхæссыны рæстæг сæ* зæрдæмæ тынгдæр хæстæг чи уыд, диссагæй дзы цы уьтди, уыдон. Рæстæг хынцынд хорæрцыдæп æмæ фылдæр хатт афтæ æнæсæрфат вæййы ’мæ дзы алчи бæрæг нæ зоны, цы карæн у, уый. Фыдæлты рæстæг уыдои уыдысты чырыстон динмæ здæхт. Хæххон дзыл- лæты ’хсæн кадджын успаддзах Тамар тындзыдта уымæ, цæмæй хæхты фыл- дæр аргъуантæ сарæзтаид, кæд чырыстон дин тынгдæр ысфидар уыдаи^ хæхты зæгъгæ. Уымæн нæ зæрдиагдзннад хорз размæфæндаг кæй ыссардта, уый уымæй бæрæг у ’мæ нырдæр ма нымад ысты уыцы бынæттæ. Грекъаг дин Гуырдзыстоны заууатмæ ’рцыд. Перс æмæ цæм Турк арæх кæй лæбурд- той, уый тыххæй, фæлæ ноджы заууатмæ дæр æрцыд хæхбæстыг Чырыстотг сыхæгтимæ баст куынæуал уыдысты, уæд диныкусджытæн цадæггай с’ ахуыр- дзинад сæфын байдыдта. Сæхуыддæг дæр сæфтысты, иуæп нæзоныны фæ- дыл, иннæмæй та фидар фадаты кæй нæ уыдысты, уый фæдыл. Фæстаг сау- джынты мыггæгтæ хъавыдысты, аргъуаны куыст сæхи пайдайæн сæ къухьг куыд баззайа, фыдæлтæй баззайгæ цын кæй уыди, уымæ гæсгæ. Сæ хистæр цæ мыггагæй зыдта. Бæрæгбон цы аргъуыдтæ ’мбæлди, уыдон аивта. Стæй уыдон фæрцы ма кæй не мбæрста, уый тыххæй уайтагъд иудадзыгкусæг мæн- гуырнынтимæ сбаста йæхи бынтондæр. Сæнттæ, фидæнфæрсæнтæ уæгъд ня? уагътой æнæмбаргæ адæмы уæлæнгай уырнындзинад. Æмæ та муртакнывонд 124
.дæссыны ’гъдæуттæ чырыстон дины рох аргъуыдты бæсты сæ бынат æрцах- 'Стой. Стыр бæрæгбонты нывæндты фæстæ хæрд æмæ нозт уыдонæн уыды- <лы сæ ахъаззагдæр куыст. Сæ хиндзинад æмæ сенæмбаргæдзинад кæй æм- бæхстой, стæй адæмы ’хсæн мæнгуырнын уæлахиз кæй кодта, уый тыххæй хъуыддаг афтæ ’вдыстой, цыма дзуарылæгты йæддæмæ ма ’ндæр исчи куы -бацæуа кувæндæттæм, уæд цын мæлæтæй æмæ æнамонддзинадæй тас у. Æппæт уыдæттæй сауджынтæ пайдакодтой сæхицæн. Æз басгæрстон иуцал- дæр ахæм кувæндоны ’мæ æууæндынкодтон, чи нæ ’мбæрста, уыцы ирæтты, сайгæ цæ кæй чындæуы. Уыдон мæн хицæн адæймагыл, кæнæ та æнæтæ- фигъæд чи у, ахæм хорз чырыстоныл нымадтой. Куыд дзырдтой, афтæмæй, кувæндæттæм бацæуын кæмæн фæтчы, ахæмыл. Разæнгардæй аргъуыдтой сæхиуыл лæвæрттæ цын кæй кодтой, уый тыххæй, иуæй-иутæ та аргъуыд- той цалдæр хатты, цæмæй цæ фæйнæ авд адлийы бæзджын кæттаг фæуы- даид. Æнæуый се стырдæр зынд уый уыди ’мæ фæсаргъуыд дзуар кæй æф- тыдтой сæхиуыл. Хордтой хуыйы дзидза æмæ, чырыстон кæй ысты, уый уымæй æвдыстой. Сæ иу хай дардта стыр ком, фæлæ себæрæгон мæнгуыр- «ынæгъдæуттыл дæр хæцыдысты ’мæ стыр мархойы иннæтæй хицæнкодтой сæ хæрд æмæ сæ нозтæй. Куадзæны цын сæ зæрдыл æрлæуынкодтон ацы стыр чырыстон бæрæгбон, кæд æй бамбариккой зæгъгæ. Уыдон уый фæдыл фефсæрмы сты ’рмæст уымæн, æмæ цæм уыцы бонмæ бæгæны фых кæй нæ «фæци. Мæздæджы Ирыстоны къамисы æз иуцалдæр азы йæддæмæ исты ба- кæнгæ нæ федтон. Æрмæст-иу хаттæйхатт адæмыл аргъуыдтой æмæ цыл, кæттаг цас байуæрстой, уый-иу хыгътой. Мæздæджы къамисы скъола ’ппæ- ты пайдайæн куы уыдаид, йе фтийæгтæ фылдæр куы уыдаиккой, уæд ацы адæмæн с’ ахуыры бындур бынтон æндæрхуызон уаид*. Къамисæн æз зо- нын йæ раздæры ахуыргæнинæгты хæхты мидæг — цæттæ цæ цæмæ кодтой, уымæ уыдон æппындæр н’ арæхсынц. Зæххыкуыстæн æгæр хъал æмæ æгæр зивæггæнаг ысты. Къухыдæсныйады — æвæлтæрд. Хъæуты адæм цæ хæссынц уазджыты хуызæн. Уырысæй сæ дзыллæйы ’хсæн басгуыхынц мæнгард ми- нæвæрттæ. Хаттæйхатт та разынынц фыдгæнæг абырджытæ дæр. Хуыздæр уаид скъолатæ уыдонæн сæ фарсмæ куы уыдаиккой, хуымæтæджы хойра- гимæ, стæй хорыкуыст дæр æмæ къухыдæсныйады куыст куы кæниккой ра- дæГк Хъазахъы куыстæй дæр сæхи нæ ласынц. Æмæ цын æмхуызондард ,кæн зæгъгæ, уæд Терчы хъазахъ феуæгъдуаиккой се стыр уаргъæй. Сæ цардыуаг куыд иувазыг у, æнæуый цæ цы хъæуы, уыдон дæр ысты афтæ иувазыг. Фылдæр цæм сæхи хæринаг. Зынрæстæг, сæхимæ цы ис, уымæй сæхи аирвæзынкæндзысты. Кæттаг, хом, æфсæйнагæйарæзт лыстæг дзауматæ, уæлдайдæр та цæхх, сæ къухы ’фтынц Уырысæй кæнæ та Азийæ (Хурыскæсæн бæстæйæ). Дарæсы кой кæнынц сæ устытæ. Дарæсæй цæм ис: сау кæнæ цъæх куырæт, къæрт дыстæ йын, тæтæйраг куырæтæй зына- нæзына цыбырдæр. Сæ мидæггаг дарæс у дæрзæг кæттаг, кæнæ хомæй. Даргъ уæрæх хæлаф — сæ фадхъултæм. Цъындайы бæсты цыл местæ фæл- мæнæууæрст цармæй. Гæрзæйрæхсад къахыдарæс, сæ мидæг фæсал æвæрд уафсы бæсты. Бæрзонд тæтæйраг худ, сау хъуынджын нымæт. Фылдæр хатт * Лæппутæ канд псалтир хъуамæ ма ахуыркæной, фæлæ цын пайда чи уыдзæн, ахæм æндæр зонынтыл дæр цæ хъуамæ ахуыркæной—Авторы фиппаинаг. 125
— дæрзæг хæдон. Сæ хуыссæн дыууæ бийнагнымæтæй стæй фистынбазæй. Гуыбыныхардзæй ысты иттæг кадавар. Хыссæ — лæхурд, йеу, хъæбæрхор кæнæ мæнæуыссадæй, лауызы хуызæн. Фыцынц æй тæвд фæнычы, намæ- доныфыхæй — йеу. Цыхт, стæй ма хомундæгтæ. Уыдон ысты с’ алыбоны хæринаг. Хохрæбынты цæм ис мыдыбындзы чыргъæдтæ. Сæ бирæ йеууæй уадзынц æвзæргомау арахъ. Хæтæгдзыллæтæй сæхи сыгъдæгдæр дарынц, уæлдайдæр — сæ хæцæнгæрзтæ. Хæрыны агъоммæ дæр, фæсхæрд дæр æх- сынц сæхи. Куыстмæ сты разæнгард, уæлдайдæр та сæ сылгоймæгтæ — æдзух дæр вæййынц куысты уæлхъус. Устытæ сты дарæсы койгæнæг, хæдзарæф- снайæг, хуымгæрдæг, халсарцæттæгæнæг, артагцæттæгæнæг æмæ саукуыст- гæнæг. Лæгтæ цæм аразынц саргъыдзаума, хуымгæнæны гæрзтæ, гутæттæ, кæнынц куырдыкуыст, аразынц гæрæнтæ ’мæ бæстыхæйттæ, кæнынц топпы- хос, аразынц цæрттæй гæрзытæ ’мæ дзабыртæ. Лæгтæ кæнынц цуан æм’æ цæуынц æфсады. Хæцæнгæрзтæй цæм ис хъыримаг кæнæ пысызаг хæтæл, дыууæ рог лæдзæджы иумæ баст гæрзæй — æнцойгæнæн топпæн; рог хорз æхсаргард, зына-нæзына къæдзгонд, хъама стæй кард роныл. Фондзæй аст- мæ цухъайæн йæ риуыл — бæрцагъудтæ. Хъæдæй кæнæ дзы сыкъабæрцытæ. Стæп хъæдæнконд ыстыр топпыхосдон, цармæй астæрд, цæуы дзы дыууæйæ фондз джиранкамæ топпыхос. Топпыхосдон, хъама, кард, арт, цармæйдзæ- къул æд нæмгуытæ. Ноджы ’ндæр дзæкъул æд ысхон æмæ лыстæг дзаумæт- тæ, сæрдæндон æд сæрдæн (фиу, нард кæнæ сои), гæрзтæ сыгъдæгкæнынæн,, фидаргонд ысты роны нарæггæрзыл. Хъусхосдон æд хос у гуырыл гæрзын- босæй ауыгъд æмæ ’фснайд бæрцыты бын дзыпгонды. Сæ топпыхæтæл æдзу- хæй дæр вæйпы сæлавырдзармæй агъуды. Сæ хæцæнгæрзтæ дарынц сыгъ- дæг} æнæихсыд æмæ ифтонгæй. Æдзух сæрфгæ, сæрдгæ ’мæ цæ хусгæнгæ хорз рæстæджы — афтæмæи цæ згæй хъахъхъæнынц. Сæ топпыфат — хъæбæр- хъæдæй. Иæ иу кæрон æфсæйнаг хъандзалыл — пысул, фæсæхст хæтæл сыгъ- дæгкæнынæн. Топп ифтындзынц топпыхосæн йæ хорзæй, æхстыбæрц цьтн у бæрæг, бæлвырд барст, æмæ йæ нал ныннæмынц дарддæр, афтæ дзы нæ- мыг авæрынц. Нæмыгæн ис дыууæ тæлыгонд тигъы — дзуарæвæрд, æмæ уый руаджы хæххыты рогæн ысхойы размæ. Топмæ аразæн быцæугонд к’ уа» кæнæ зæххыл куы бадой, уæд рæстдзæф ысты. Æрмæст ифтындзынмæ тагъд не сты, иукъорд минуты йыл бафæстиатвæййынц. Топп ифтындзгæйæ хъуя- мæ бæхæй æрхизой æмæ дзы нæмыг ныкъкъуырой. Æхсгæхсын агурынц чысыл аргæнæн сæ размæ ’мæ уæгъды иу æхст дæр нæ сафынц, фæлæ ныфс- джынæй æнхъæлмæ кæсынц ызнагмæ, цæмæй цын ма аирвæза. Иукъорд куы уой, уæд хæцгæ-хæцын иумæ нæ фехсынц, фæлæ радыгай, цæмæй ифтьш- дзын фæразой сæ топпытæ ’мæ æхст æхсты ’ййафа. Кæрæдзимæ лæууынц иуцалдæр къахдзæфы. Фæстæмæ цæугæпæ æдзух фехсы раззаг. Стæй та фæстаджы бынат æрцахсы, цæмæй та йæ аифтындза йæ топп. Бар цæ к’ уа, уæд хæсты рæстæг æвзарынц хæрд, кæрæдзийы сæрмæ куыд лæууой. Хæх- ты фадæттæ афтæ хорз зонынц, æмæ дзы дæс лæджы сæдæ лæгæй сæхи баиргъæвдзысты. Сæ хæст æмæ сæ ныббырст æцæг хæсты хуызæн нæу, фæ- лæ тынгдæр лæбурды хуызæн у. Фыдздзаг фæлæбурды тæвд вæййыиц, стæй тагъд сæхи фæстæмæ айсынц. Хъæддых ысты сæхи хъахъхъæнгæйæ, иучысыл цын аргæнæн ис, уæд — иттæг къæйных. Æвæдза с ’алыфарс ызнаг æрзылд зæгъгæ, уæд та хæцынц удуæлдай æхсарджын хæстæи. Уыдзæн ма. 126
ГАЛИМЗЯНОВ АИРА’Г ÆМДЗÆУИН ÆМÆ ÆМДЗÆРИН (Дыууæ ныхасы иры, балхъар-хъæрæсейы æмæ тæтæры фыдæл- ты историон æмæ культурон фæндæгты тыххæй) I V Ме, скъолайы бонтæй фæстæмæ æз цымыдис кодтон ахæм хъуыддагылг Мæскуыйы уагъд истори ахуыргæнæн чингуытæм гæсгæ афтæ уайы, цыма^ тæтæр сты «мангол-тæтæйраг» адæм; уæвгæйæ та уыдон ницы бар дарынц манголоидтæм, фæлæ сты европеидтæ; æз мæ ныфс хæссын суанг афтæ зæгъ- ынмæ дæр,—’арийæгтæ. Уæд, зæгъын, цæмæн афтæ здахынц ахуырдзгу фæ- сивæды зондахаст уыцы чингуытæ? Фæстæдæр, мæ мадæлон — тæтæйраг æвзаг арфæй-арфдæр зонгæйæ æмæ æндæр æвзæгтæ ахуыр кæнгæйæ, æз фиппайдтон (уæлдайдæр ирон æвзагмæ куы’ æрлæмбынæг дæн, уæд), хъазайнаг-тæтæйраг æмæ уыцы æвзæгты ’хсæн бирæ иумæйагдзинæдтæ кæй ис. Зæгъæм, ирон æвзаджы ис «бере» (бирæгъ), «дунья»/дуне), «жир»/зарæг) æмæ æндæр тæтæйраг дзырдтæ; тæтæйраг æв- заджы чысыл нæй ирайнаг æвзагæй рацæугæ нæмттæ æмæ æнæун дзырдтæ; «Рушан» (рухс, ирд), «жаухар» (зынаргъ дур), «бахтияр» (амондæй хай~- джын) æмæ а. д. Ахæм æмдзæвинтæ кæцæй цæуынц, ууыл хъуыды кæнгæйæ, дарддæр мæ хъус дардтон балхъар-хъæрæсейаг, тæтæйраг æмæ ирон æвзагон æмæ псто- рион бæрæггæнæнтæм, æмæ мын фæбæлвырддæр цымыдисаг фарст. Нæ дуджы 5—7 æнусты Цæгат Кавказы, Азовы æмæ Сау денджызы былгæрæтты цæугæ цард кодтой, тюркаг æвзагыл чи дзырдта, ахæм адæм- тæ; алыхуызон историон бæрæггæнæнты сæ хонынц фæйнæ-фæйнæ номæй: булкар, булгар, болгар, балкар. Дæрдтыл айтыгътой сæхи, ирон адæмы фыдæлтæ — алантæ цы зæххы- тыл цардысты, уыдон дæр — Центрон Кавказæй суанг нырыккон Румынийы онг. Уыцы заман тугхæстæгдзинад (генотипты ивд) æмæ æвзæгты æндæвдад цыдис тюркаг знæмтæ æмæ аланты-ирæтты ’хсæн. Дарддæр тюркаг мыггæгты хъысмæт рауад афтæ: хазартæ’ сæм бырстой: уый фæстиуæгæн стадысты сæ бынæттæй æмæ алырдæмты афтыдысты; хак Аспарух (ацы номы бындуры сты ирайнаг дзырдтæ ефс (бæх) æмæ рухс) разамонæг кæмæн уыд, уыцы болгартæ, авд славяйнаг знæмы сдæлбар кæн- гæйæ, ацыдысты Донаймæ. Сæ ном сбадт славяйнæгтыл, сæхицæн та се- ♦взаг раивта славяПнагмæ. Еулгарты дыккаг къорд аггуырста хуссармæ, æрæн- цад Кавказы хæхты; уыдонæй равзæрдысты абоны балхъаГграг æмæ хъæрæ- сейаг адæмтæ. Æртыккаг къорд (хан Котрагы разамындæй) араст цæгат- скæсæнмæ, æрæнцад Камæ æмæ Идылы былгæрæтты. Уыдон систы «волгæйаг болгартæ»,сæ паддзахад хуындис «Волгæйаг Булгари». (Фæстæдæр, 18—20 æнусты, волгæнаг болгарты уырыс хонын райдыдтой «Хъазайнаг тæтæр»). 127
’Цавæр зонинæгтæ ма ис аланты (ирæтты) æмæ хъазайнаг (æмæ уфимаг) тæтæры ахастдзинæдты тыххæй? «...рагон болгарты æмæ аланты зынгæ хай -ацыдысты цæгат-скæсæнмæ, астæуккаг Волгæ æмæ Камæйы дæллаг былгæ- ^рæттæм». (А. И. Мартынов. Рауагъдад «Высшая школа», Мæскуы, 1982, ф. 212). Уæдæ, тæтæйраг æвзаджы цы иранизмтæ ис æмæ Татарстаны æмæ ЗЗашкортостаны топонимтыл цы ирайнаг æндæвдад фæбæрæг, уыдоны фæ- зындæн уыдис дыууæ амалы: иу, рагондæр,— абоны тæтæйрæгтæ æмæ ирæт- -ты фыдæлтæ æввахс кæй æмбæлдысты, уый; иннæ, ардæмдæр рæстæджы,— .æндæвдад цыди туркаг æвзаг æмæ литературæйы фæрцы. Хъазайнаг тæтæры æввахс хæстæджытæ — балхъар æмæ хъæрæсейы æв- зæгтыл та ирон æндæвдад у ноджы тынгдæр æмæ бæлвырддæр. Уанеты 3. Н. .зæгъы: В. Миллер Балхъар æмæ Хъæрæсейы сбæлвырд кодта бирæ ирон топонимтæ. («Равзаргæ куыстытæ ирон адæмы историйы фæдыл», т. 1, ф. »6; рауагъдад «Ирыстон», 1989, Цхинвал). Æмæ ноджыдæр: «Балхъары бæ- хтæйы абон дæр сæ сыхаг ирæттæ хонынц «ассы» («асси»). («Иумæйаг эле- менттæ ирон, балхъайраг æмæ хъæрæсейаг æвзæгты». ССР Цæдисы Наукæ- -ты Академийы æвзаг æмæ хъуыдыкæнынады институты фæллæйттæ», Ле- ;нинград, 1932, т. 1, ф. 16и). Сыхаг бæстæйы абоны цæрджытыл баззад, ;раздæр дзы чи цард, уыдоны, ирæтты ном. Тæтæр (ома — балхъайрæгтæ) .ардæм æрæфтыдысты цæгатæй æмæ сæмхæццæ сты бындурон ирон цæр- джытимæ, æмæ уый фæзынди се ’ддаг уынд, сæ уаг, се ’гъдæуттæ æмæ се "взагыл дæр. Ацы фарстатæ раздæр æмæ хуыздæр сбæрæг кодта акаде’мик В. Миллер. Хъæрæсейæгты абон дæр ма мингрелтæ фæхонынц — алан; уый дæр уы- ’Мæн афтæ баззад, æмæ, хъæрæсе ныртæккæ кæм цæрынц, уыцы бынæттæ .раздæр ахстой алантæ-ирæттæ. (Кæс Уанейы-фырты равзаргæ уацмыстæ, т. .1, ф. Ю). Хъазаны ахуыргонд ирæттæй мын иу афтæ фæзæгъы: «Сымахмæ хæр- /зуынддзинад махæй æрцыд». Уый хъазæн ныхас фæуæд, фæлæ æцæгдæр’ „ирæттæн æмхуызондзинад ис хъазайнаг æмæ уфимаг тæтæйрæгтимæ, тынг- _дæр та — балхъайрæгтимæ. Балхъайраг типтæ сты тынг алыхуызон, сæ иу хай бынтондæр сты, чи стæтæйраг, ахæм урсцъар ирæттæ. «В. Миллер æмæ Ковалевский балхъайрæгтæм бафиппайдтой ...æппæтæй тынгдæр ирæтты '.нгæс чи у, ахæм арийаг (тип)». (Уанейы-фырты чиныг, ф. 301). Мæ ацы чысыл ныхасæй дæр иуцасдæр бæрæг у, мах —иры, балхъар- хъæрæсейы æмæ тæтæры фыдæлты историон æмæ культурон "(æвзаджы’коч |Кæнын тьшгдæр) фæндæгтæ рæстæгæй-рæстæгмæ æмдзæуин кæй уыдысты, уый. Æмæ уыцы историон æмæ æвзагон кæрæдзиуыл æндæвдад абоны зо- .надон фæлтæрæн сахуыргæнинаг æмæ нæ адæмтæн бацамонинаг у. г. Хъазан Журналы æддаг цъæрттæ аивгонд æрцыдысты Æлборты Барисы нывтæй 128