Text
                    ДЗУГАТМ
ГЕОРГИ
мсвт
РАДЗЫРДТÆ ÆМÆ УАЦАУТÆ
РАУАГЪДАД .ИРЫСТОН"
ЦХИНВАЛ—1970


МÆ РАГФЫДÆЛ Кæд уыд, цы заманы, цы дуджы, кæцы зæлдагзачъе æнусы стахт стыр тохты фæлладæй. Кавказы хохрæ- хыс æфсургъмæ къуыппных, цъæхдзаст хæстон >цæргæ- сау?1' Хæцыд уæрæх Доны быдырты. Ныллæг, уынгæг- дзаст карз фыдгултæ бырстой, мæтыхмигътау, йæ ных- мæ. Хæцыд цъæхдзаст богал æхсарæй. Йæ кард цъæх- снаг æхситтæй карста, йæ ком зынг стъалытæ калдта,* йæ арц æгъатырæй рæхуыста. Цыдис сырх туджц фурд йæ рæзты. Зындис йæ хуыдымы лæгмæрдтæ, цæфтæ, лæгъздаст сæры къуы- дыртæ, æд цирхъ хæстон гуырдты лыг цæнгтæ^Тæхынц къуыззиттгæнгæ йæ ныхмæ, хъæстæ æвзагæлвæст кæл- мытау, налат знæгты цыргъ фæттæ,- Сæттынц цъæх- дзаст хæстоны згъæрыл, куы та æрмæст ныхсьшц’ йæ риуы, сырх туг сæ нуквæдыл лæдæрсы, < Бæрзонд, хæсты быдыры сæрмæ сынт-сау, йæ марой хъупп ныззæлы, бæллы, лæджы фыд та^—йæ сихор; ■ Бырсынц уынгæгдзаст сау. фыдгултæ • сæг мардхæс- тонты.. даргъ рæдзæгъдтыл, æрдонг. æрдонджьь ф,æд æййафы. Къаннæг, цыбыркъахджын сæ бæхтæ] тæхынц, æхстпуртийау, тымбылæй, тыхджын быдираг уад —сæ мырмыр. Бæзджын ныффæлдæхти фæйнæрдæм сæ барц сæ куырæфцæг бæрзæйтыл. Рæхснæг, хъамылгæрдæг æртасы сæ тарст, сæртæг цыбыр хуыррыттæй. Сæ хид тæвд пуртитæй схъиуы. ^
Цæуы фæтæн доны тъæпæнтæй цъæхдзаст æхсарæй- гуырд хæстон лæг бæрзонд Кавказы хохрæбынтæм. Йæ риу æмыхгæд у æхстфæттæй. Сæтты, æлвасы сæ йæ къухæй, тæхынц сæхицæуттæмфæстæмæ— фыцгæ ’алай- наг тугæй ахуырст. Кæм ис уынгæгдзæсттæи сæ кæрон! Зæхх сæ нæ уромы æд бæхтæ. Цæгъд сæ, куынæг сæ кæн куыд- фæнды, сæ туг сæ удыгæсты ласæд, уæддæр, æрсдоны стыр улæнтау, лæсынц æмвæтæнæй, æргæвдынц. Сæ хъæр, сæ хъуырон сонт цъæхахстæй уæрæх, хæсты быдыр ныкъкъуырма. Цъæхдзаст, нæртон хæстон стыхсти. Йæ туг йæ мин цæфтæй лæдæрсы. Тындзы бæрзонд хæхты хъæбыс- мæ, кæд ма уым бавæрид йæ хъæстæ. Тыхджын, цъæл- базыр, сахъ цæргæсау, ыстахт Кавказы хохрæхысмæ. Æрбадт æхсон æфсургъы рагъыл. Æфсургъ йæ цъæяут бара ныттылдта. Тохы уæдæй нырмæ цапуалæД тыз- мæг историйы гуылфæнты, æнус-æнусы фæстæ уадзы. Цæрынц йæ дыууæ фарс йæ мыггаг сыхаг дзшлæ- тимæ хæларæй, сæ цæхх, сæ кæрдзынмæ сæ хонынц. Фыцы йæ цæуæты зæрдæйы йæ монц, йæ хъаруйы ыстъæлфæн, æхсар, лæджыхъæдæй — æнæлаз. Цæй бæрц хæстон ыстæрты фесты, ’цæй бæрц сæм арф, æбын сæр- сæфæн йæ дзых кæрæф, хæлиуæй дардта! Нæй зæгъ! Æхсон хохау, нырттивынц, хъысмæтæн не скуымдтой цъагъарæй. Сæ кард йæ кæрддзэ&мæй ’куы сласынц — йæ кæнон бакæны цытимæ, ыстæй йæ ’кади- мæ нытътъыссынц. Кæд уыд,.цы заманы, цы дуджы, кæцы зæлдагзачъе æнусы ыстахт ыстыр тохты фæлладæй Кавказы хох- рæхыс æфсургъмæ къуыппных, цъæхдзаст Алан цæргæ- сау?! А
ФАЙНУСТЫТÆ Стыр хъæу уыдис Тæгæрджын. Фæлæ йæ адæм алы: рдæм фæлыгъдысты: чи быдырмæ, чи горæтмæ, кæмæн та хæст йæ дуар сындзæрх фæкодта. Ис ма дзы æр- мæст дыууæ хæдзары. Уæртæ сæ иуы балкъонæйч йæ лæдзæджы æнцæйтты æрхызт зæронд ус Дулиан. Куыддæр фисыны аууонæй мæнрухсмæ ракъахдзæф кодта, афтæ та, алы хаттау, йæ фарсмæ йе ’мдзу рай- дыдта, йаехиау, гуыбыргомау, лæдзæгарм - зæроид ус. Уый йæ файнуст Сухион у, уæлмæрдмæ та йемæ цæуьк Дыууæ хойы цард фæкодтой цæргæ-цæрæнбоны. Суанг куы байуæрстой, уæдæй фæстæмæ ( дæр „гъа" æмæ „о" кæнгæйæ фервыстой сæ бонтæ. Гъе, фæлæ сæ зæнæгæй амонд нæ фæцис. Уыдис сын æрмæст фæйнæ лæппуйы. Уæвгæ сын уыдон уæрст нæ уыдысты æмæ сæ алкæмæ дæр афтæ каст, цымэ. йыц дыууæ фырты ис. Дулиан бынтон æрыгонæй фæидæдз. Мидхæсты тох- тæй йæ лæджы мард куы сыхъуыст, уæд уый та йæхи-- бар нæ уыди. Хъæубæстæй, хæстæджытæй алкæй дæр фæндыд, цæмæй йын лæппу райгуырдаид, æмæ, æцæг- дæр, афтæ рауад. Лæппу куыд хъомыл кодта, афтæ йыл æг^с комбæс- тæ сæ цæст æвæрдтой. Æлвæст, цæхæрцæст, цумамæ— топпы фатау, >æларзæрдæ. 4 Цæвæг райсынхъом фæци. Сæрды улæфты рæстæ^ джы йæ ахуырæй æрбацæуы. Сæ колхозы хосдзæутты цъæх-цъæхид лæгъз фæтæны йæ разæй скъуымбил кæны, „Епп-оппы зарæги кæнгæйæ. Цал саурæсугъды зæрдæ сыгътой уыцы зарæджы зæлланг зæлтæ! Кæй иæстытæ-иу нæ ацарыдта йæ фæтæн цæвæджы хурæр- гом æрттывд! Цы куывд, цы хъазты-иу нæ балæууыд æфсæрмдзæст, хæрзарæхст Тасол лæггадгæнæгæй’ Цы
куыст, цы ахсджиаг хъуыддаджы-иу нæ фæзынд фæс- комцæдисы фæсидтмф.-^фæнлагарæзтады, сидзæргæсы зиуы... Гъе, фæлæ нал æрыздæхт æмгаруарзон, фæтæн- уæхск Тасолтан Германы хæстæй. Йæ сау чиныг, ’ сау рсалонау, йæ ацыды дыккаг аз æртахт йæ райгуырæн хъæумæ. Йе ’намонд мадæн æй не схъæр кодтой. Зыд- та йæ æрмæст йæ файнуст Сухион. Сухионæн æрыздæхт йæ фырт стыр хорзæхтимæ. Уайтагъд ын ус дæр æрхаста, иыр ын ’зæнæг дæр ис. Фæлæ йын æвзонг зынгхуыст Тасолы сау гæххæтт йæ ?æрдæ, сау калмау, сусæг æууылд кæны... æдзух^ йæ сагъæсæй нæ иппæрд кæны, цæуы йемæ, зилы йæ фæ- дыл. Дулиан цыд’æр лæгъзтæгæнæджы хъæлæсæй рай- дайы: „Нæ, нæ, не ’фсин (афтæ хуыдта йæ хистæр файнусты), хæстæй чи нæ рыздæхтис, уыдонæй, дам, би- рæтæ удæгас сты. Алы бæстæты, дам, ныпиырхытæ сты æмæ рæхджы здæхын райдайдзысты"... Ахæм рæстæджы Сухионы ныббогъ кæнынмæ бирæ нал бахъæуы, фæлæ йæхи тыхæй бауромы, йæ сæр ра- зыйы тылд бакæны æмæ, йæ кæуын нынныхъуыргæйæ, сдзуры: — Лæгты дзуарььбафæндæд, цæмæй нæ бæлц- цон æгас хæдзар ссара, фæлæ уал уæдмæ махмæ æр- бацу, махмæ, уаих де знаг фæуа. Нæ хæдзары чи ис, уыдон дæр дæ сывæллæттæ куы сты, уæд фæстйгмæ куыд.сæрхызт разындтæ... Дулианæн фырмæтæй æви йæ фырхæларæй йæ зæр- дæ æрбауынгæг вæййы, йæ цæссыгтæ æрызгъæлынц: — Æй, æз дын - амæлон! Æмæ уæд та мæ иунæг , æнæнхъæлæджы фæзынд, уæд йæ фыды хæдзар æх- гæдæй цæмæн хъуамæ ■, æрыййафа?! Стæй йæм уыцы кæйдæр чызг дæр нырма æнхъæлмæ куы кæсы, йæ нывонд æрбауон, æмæ æз мæ артдзæстæй куыд ацæ- уон?| Цы зæгъдзысты уæд адæм дæр æмæ мæ чындзаг дæр!.. Р
• Ахæм ныхæсты фæстæ ахицæн вæййынц файнусты- тæ,- Сухионы зæрдæ ноджы тынгдæр ныттыппыр вæй- йы. Сæ. къуымрæбын сау гæххæтт цы чырыны æвæрд ис, ууыл бар-æнæбары йæ цæстытæ аныдзæвынц æмæ уæд йæхи нал бауромы, йæ цæссыгтæ ныггæргæр кæ- нынц. Йе ’рттæ йæ дæлæртты бакæны æмæ, искæмæ дзурæгау, райдайы: „Куыд саубон мыл æркодта, кæдмæ сайдзынæн, хъæды халонау, иунæгæй чи баззад, уыцы тæригъæд- даг мады?" Æхсæв куы афынæй вæййы, уæд æм, цыма, дард ра- нæй æрбайхъуысы Тасолтаны тыхст, лæгъзтæгæнæг хъæлæс: „Уаих фæуай, мæхи гыццийау мæ куы уарзтай, дæ дзидзийы хъуыртт мын куы никуы бахæлæг кодтай, уæд мын иу доны къусæй рухс цæуылнæ зæгъут, мæ судз- гæ тугæрхæм хъæдгом дзы уæддæр æрыхсдзынæн. Дæ сусæг. фæлдисинæгтæй мæнмæ ницы хæццæ кæны... На. уæд мын мæ фыды зæххæй иу гæппæл цæуылнæ рахицæн- кæнут? Кæдмæ хъуамæ рахау-бахау кæнон ам æцæгæ- лон.бæстæйы?.. Куы мæ иу ранæй расурынц, ку ы—ин- нæ ранæй**... Сухион уæд æваст фесхъиуы, йæ зæрдæ фæцæйскъуыйы, йæ баз йæ хъарм цæссыгтæй ныххуы- лыдз вæййы, Ахæм сау сагъæстæ Сухионы зæрдæйыл стыхстыс- ты æмæ йæ, пысырайау, судзынц, æхсæвæй-бонæй .йын ^енцой нæ дæттынц. Дон ын доны ад иал кæны, хор — хоры. ад. Йæ фырты сывæллæттæ йæм сæхи куы ’рба- ласынц, уæд дæр сæ, цыма, нæ хаты, æрмæст сын сæ чысыл сæртæ йæ хус армытъæпæнæй æрсæрф-æрсæрф райдайы, иу ранмæ æдзынæг кæсгæйæ. Арæх йæ ми- кæнинаг йæ къухæй хаугæ дæр æркæны. Афтæ бонтæ бонты фæдыл ивгъуы#ынц, æмæ ныр хæстæй рацыдис цалдæр азы. Бирæ арф хъæдгæмттæ байгас/ бирæ акъоппытæ скæрдæг сты, бирæ базырсаст, «зрыд. бæлæстæ ног тау суагътой, æрмæст мады рыст 7
зæрдæйæн сдзæбæхы хос’нæй. Уый нæ, фæ^зе Сухи- оны зæрдæйы хъæдгом арфæй-арфдæр кæны. Смæллæг; йæ уд удыл нал хæцы. Дулианы зæрдæйы ма, æнхъæл- цау, рухсы таг ферттивы, фæлæ йæ сусæг мæт, стонг бирæгъау, хæры æмæ æхсыны. Мæнæ та, дыууæ фыдбоны халонау, балкъоны къуы- мы бабукъ сты дыууæ файнусты æгомыгæй> Æрæджи- ау Сухион базмæлыд æмæ ныллæг, ньшдхъæлæсы уагæй афтæ: — Иу ныхас дын зæгъынмæ хъавын, чындз (афтæ хуыдта йæ кæстæр файнусты), æмæ йæ мæ зæрдæ нæ хæссы, мæ цæстæй сдзурын дæр нæуарзы... Дулианы уæнгтæ, гæды хъæдау,^ ныррызтысты. Иæ- зæрдæйы гуыпп-гуыпп æм сыхъуыст, йæ цæсгоад ацъæх- тæ-буртæ. — Тæрсгæ куы фæкодтай, æз дын амæлон. Ахæмæй дзы ницы ис, нæ дыууæйы мæрдтыстæн... Хæсты фæудæй ныр цалдæр азы рацыд. Алчи йæ сæфт сал- датæн рухс загъта, йæ зæххы хай йын рахицæн кодта. Махæн Тасолы сыгъдæг лæгты дзуар дзæбæх, сæрæ- гасæй æруадзæд, мæ зæронд сæр йæ фæндаджы фæхъ- хъау фæуæд, фæлæ йын, "зæгъын, уæлæ йæ шегуыр- фыды афтид ингæны цур йæ зæххы хай куы рахвдæю кæниккам, рухс ын куы зæгъиккам. Уымæй йьш шцы уыдзæн, зынг зæгъынæй ком нæ судзы, — йæ иыхас балхынцъ кодта Сухион. Дулиан, иу боныбонцау, ныхъхъус, стæй сагъæссаг^ цæссыгæй семыдзаг цæстытæ æрбазылдта йæ файнуст- мæ æмæ йæ сæр разыйы æнкъуыст-бакодта. II ...Алы сабатизæр дыууæ файнусты араст вæййынц. уæлмæрдмæ. Тасолы афтид ингæны сыджытыл сæ къух авæрынц, йæ тулдз дзуарæвæрд цырт ■ ын æрбахъæбые 8
кæнынц æмæ æгомыгæй бирæ фæбадынц, стæй та стыр фæсахсæвæрты зæрдæхæлдæй фæстæмæ раздæхьщц, Афтæмæй сыл бон—боны, къуыри къуырийы фæдыл ив- гъууйы... Гъе, фæлæ афтæ бирæ нæ ахаста. Сухион æруатон. Йæ кæддæры дынджыр сау цæстытæ сæ къуырфыты арф ныххаудысты. Сæ цæхæр æрттывд, уазал доны ных- хауæг зынгау, банымæг. Йæ урс дадалитæ, мæйрухсы тынтау, йæ сау сæрбæттæны бынæй æрзæбултæ сты* Цыма йæ сынтæджы ничи хуыссы, уыйау, йæ хъæццул тæбæккæй лæууы. Йæхи хор, доны хъæстæ нал кæны. Дохтыр æй цал æмæ цал хатты кодта рынчындонмæ,* фæлæ не сразы. Æрмæст бон-изæрмæ йæ цæстытæ нæ исы къуым- гæрон се стыр чырынæй. Цы бакæна?.. Уым, дзаумæт- ты бын, тымбылтæй цы сау.гæххæтт хуыссы, уый’йæ æнцой нæ уадзы... Йæ мæлæты фæстæ йын йæ чырын куы бакæной æмæ уырдыгæй куы схауа, уæд Дулиан цы ми кæндзæн?.. Уал азы йын æй кæй сусæг кодта, уый тыххæй йын йæ мæрдон фæндагмæ цы цæстæй ра- кæсдзæн?.. „Уæд та йын æй раргом кæнин... Æмæ ма уæд æ*ш- монд мад а дунейыл-цы ныфсæй цæрдзæн?.. Йæ шфсы зьщг куы бахорз уа, уæд ма йæ къахыл куыд лæу- дзæна... Нæ, Сухион афтæ нæ бакæндзæн. Уæдæ? Аскъуъзд- тæ йæ кæндзæн æмæ йæ, куыд ничи фена, афтæ арты бавзилдзæн. Науæд та йæ мæрдтæм йемæ ахæсдзæн, Уадз, Тасрлы фыдуац цы гæххæтт æрхаста, уый ингæн- мæ ныххиза æмæ уæд йæхæдæг, чи зоны, æрæздæха... Сухион хæдзары къуымты йæ цæст ахаста, ничи дзы ис, лыстæг айхъуыста, никæй хъæлæба цæуы. Уæдæ ныртæккæ, цалынмæ... Сабыргай йæ сынтæгæй рахылд,. Афтид, миты хъæпæны хуызæн хæдон йæ уæлæ, дф- тæмæй къулæнцæйтты фæцæуы. Бахæццæ чырышæ. Йæ фарсмæ йæ зонгуытыл æрхауд. Бакодта йын йæ 9
луар. Йæ хæтæлы хуызæн цонг дзаумæтты бык ауагъта æмæ сласта уыцы æбуалгъ, фыдуацы гæххæтт. Иу каст ’æм æркодта, стæй йæ йæ армыдзыхъхъы йæ даргъ æнгуылдзтæй афтæ æрбалхъывта æмæ йæ ныхтæ йæ <армы сæдзæгау акодтой: — Нæ, нæ, ды дæр меме... ингæнмæ, — сдзырдта ма тыхамæлттæй, стæй пъолыл йæ гуыпп фæцыд æмæ афардæг йе нусон фæндагыл... ...Гъе, æмæ та ныр дæр мæнæ мæйрухсы дыууæ файнусты уæлмæрдмæ схæрд кодтай. Цæуынц кæрæ- Лзийы фарсмæ. Дулиан чысыл йæ лæдзæджы æнцой. куы рулæфы, уæд цыма — Сухион дæр афтæ, куы акъахдзæф кæны, уæд — уый дæр, куы схуыфы, уæд уымæн дæр цыма йæ мæллæг уæхсчытæ сызмæлынц. Дулиан дзы райдианы тæрсгæ кодта. Фæлæ йы’л ныр фæцахуыр. Мæйрухс куы нæ вæййы, уæд æй иу- нæгæй йæ уæрджытæ дæр нæ фæхæссынц. Фæлæ ахæм ирд æхсæв йæ фарсмæ куы æрбалæууы йæ файнуст, ^уæд ма йын ныхæстæ дæр райдайы: „Чи не *рыздæхт, уыдонæй, дам, бирæтæ æгас сты, не 4фсин...а —æмæ йæ сæр банкъусы. Сухион дæр та йæм уæд йæ сæр банкъусы. Стæй та араст вæййынц æгомыг, æнæкъæрц- щаэй. ’ .Даргъкъах цъысцъысæгтæ Дулианы размæ куыд æр: багæпп-гæпп кæнынц, Сухионы размæ дæр афтæ, уый йæ лæдзæджы бырынкъ куыд æрæвæры, иннæ дæр —афтæ. •Схæццæ сты уæлмæрдмæ. Дулиан ингæныл йæ арм æрæвæрдта æмæ йе ’мбалмæ бакаст: — Мæ зæрдæ фехæла, мæнæ йæ кæрдæджытæ куыд ных^сус сты. Мæ цæстæй цæссыг дæр нал хауы, æн- дæра сæ... æмæ йæ бæрзæй бакъултæ кодта, Сухион дæр| та — афтæ. Сыбыртт дæр никуыцæй хъуысы. Ду- лиан йæ файнустмæ йæ цæстытæ базылдта: 10
— Куыд. дард’ бадыс, не ’фсин? Æввахсдæр æрбацу, /— æмæ йæхæдæг куы фæфалдæр кодт’а, уæд СухиОн дæр цыма æввахсдæр æрбахылд... ’ ’ Уæдмæ аууон комы дымæгæй сзынди. Зæрондус бкс- тад, йæ лæдзæг систа æмæ та Сухионимæ ауырдыг код- той фæрсæй-фæрстæм хъæуы ’рдæм. Дулиан та цæугæ- цæуын сдзуры: „Бирæтæ, дам, дзы удæгас сты, удæгас, не ’фсин"... КÆРДТЫЛ АХЪАЗЫДИ ХУР Волгограды æгæрон атагъатæ гæзæмæ фæлурсæй зынынц. Стæм хатт тыхджын прожектор йе ’рттиваг æх- саргардæй ныцъцъыкк ласы митæмбæрзт быдыр дæр- гъæй-дæргъмæ, стæй ацъелф кæны зæххы урс хъæццу- лыл- сгаргæ-сгаргæ. Ихын уазалимæ кæрæдзийыл сæм- бæлынц, фæдзуарæвæрд вæййынц, цæхæртæ акалыйц. Раст цыма бон-изæрмæ сармадзанты нæрын æмæ ми- нæты, сырдон ниудæй хæствæлтæрд уырыссаг зæхх бæгъатыры сагъæсты аныгъуылд, æмæ рæдзæ-мæдзæ райдыдта, уыйау ныхъхъус, ныссабыр. Цъиуызмæлæг нæй. Æппæт дæр — æнцад, æмыр. Æваст Волгæйы былæй растад урс, пыхцылдзыкку зæронд ус — уырыссаг тымыгъ, а бæсты хицау. Йæ цæнгтæ байтыгъта, йæ урс къабайы фæччитæ ныппака сты; тæхы, уæрдæхау, здыхсы, къуыззитт кæны. Уæр- тæ ’ быдыры суыдта иу урс-урсид барæджы. Фæсуры йæ:4 „у-у-у! Чи у, чи уæнды а зæххыл!" Баййæфтй йæ, йæ фæсарцмæ ссæррæтт кодта. Йæ ихын æнгуылдз- тæй йыл атыхст. Барæг æй, цыма хъуыды дæр нæ кæйы, уыйау размæ скъæры. йе ’фсургъ. Æрмæст йæ къæбæл- дзыг худыл арфдæр æрхæцыд. Йæ цыбыр урс кæрцы айфцæггот æнгомдæр æрбалхъывта йæ бæрзæймæ æмæ йæ.фæндаг дары.. ; ’ Бæстыхицау зæронд ус тынгдæр амæсты, размæ йæ- п
хц аскъæрдта. Фæстæмæ фæзылд, бæх æмæ барæгмæ рышит сауæзта, сæ цæстытæ. сын ахгæны. Цъæтæл- вæст æфсургъ хуыррытт кæны, йæ рæсугъд сæр ныт- тилы. Йæ идоны къæбæлтæ æрмыртт-мыртт кæны, хус сысджыйау, фæлæ уæддæр цапуал уадæй тындзы раз- мæ. Йæ тæвд комытæфмæ фæцæй дон кæнынц Бæсты- хицауы урс дадалитæ. Дард кæцæйдæр та ныццæхæр калдта рухстау æх- саргард. Барæгыл æруади сæрæй къæхтæм. Йæ худы ныхыл тæмæнтæ акалдта сырх-сырхид стъалы. Фонда цырагъау ссыгъдысты йæ фондз тигъы. Ныхситт кодтой нæмгуытæ. Сырх-сырхид бындзы- тау тæхынц урс быдыры сæрты. Стонг бирæгътау, нын- нцудтой минæтæ. Барæг саргъæй æргæпп кодта. Йе ’фсургъы уæрджытæ ехсæй бацавта: — „Уаддым, хуыс- гæ!а Уый уайтагъд фæлмæн миты æрфæлдæхт, чысыл æддæдæр та — йæ барæг. Сæ дыууæ дæр тыхулæфт кæ- < ньщц. Сæ цæстытæ ныдздзагъыр кодтой, хъусыцц.,Рух- сы æхсаргард алырдæм чъеппытæ систа, агуры, зилы, сгары. Сæ тæккæ фарсмæ æрбацъыллынг кæны, ру#асы дымæгау, фæлæ сæ нал ахсы æмæ йæхи айста. Æхст ныхъхъус, ныссабыр. Барæг тагъд-тагъд æрбауад йæ уарзон æмбæлццонодæ, ,. -г- Уаддым, цæуæм! — Бæх йæ раззаг къæхтæ фæраст кодта. Цæрдæг фестад. Йæхи ныууыгъта, йæ хуыррытт æхсæвы тары азæлыд.; Фæтæхы та тыгъдбыдыры. Ныр дард нал у даæла- ры ныккæнд. Ныртæккæ йын æппæт дæр радзурдзæ- ’ ни фæдисон барæг. Тындзы. Тæхы. Йæ сау æфсургъ йæ нарæг цъупп хъустæ ныггæмæл кодта... Ныртæккæ, ныртæккæ... фæхаеццæ кæ’нынц. Уалынмæ та дыууæрдыгæй дзуарæвæрд фесты рух- сы æхсаргæрдтæ. Лæгæй, бæхæй сæ цæстытæ атары- тæ сты. Æввахс кæцæйдæр сæртæг, бæзджын рæйд скодта немыцаг пулемет. Чысыл лæнкауы сæрты куыд фæцæйсæррæтт кодта тæлтæг æфсургъ, афтæ размæ 12
асйьиудта, йæ барæг дæр йæ сæрты асæрбихъуырой. Й& р&хиз зæнг, артау, ссыгъд. Хъарм туг буарыл фæд- гæнгæ æрызгъордта. Барæг йæ цырыхъ фелвæста. Æр- батыхта йæ зæнджы цæфыл бинты тулайы æрдæг. Йæ цырыхъ цырд акодта æмæ уайтагъд фæстæмæ фæзылд" йæ тохы æмбалмæ. Уый, хаудæй лæууыд йæ галиу фар- сыл. Уæззау хъæрзыдта, адæймагау. — Уаддым, Уаддым! — сдзырдта барæг. Бæх йæ сæрыл чысыл схæцыд,хфæлæ йæ нал бау- - рæдта. Фæстæмæ æдыхæй æрхауд тугæйдзаг митмæ. Лæг ын йæ армытъæпæн йæ авджы’ хуызæн лæгъз русыл æрсæрфта. Стæй йæ цыма судзгæ бакодта, уыйау æй раскъæфта: хъарм туджы суадонæй йæ æнгуылдзы саг- гæмттæ айдзаг сты. Бæхы æхтæнгтæ йæ цыбыр æртти- ваг кардæй ачъепп ласта... Йæ цæстысыг йæ кæрцы дысæй асхъаудта... ...Фæбыры разысгарæг лæг йæ цыппæртыл рыгмиты. Тыхулæфт кæны. Хъуысы йæм йæ зæрдæйы дзæхст- дзæхст. Тындзы размæ, йæ цæф зæнг йæ фæдыл лас- гæйæ. Йе *рмкъухтæ уайтагъд алæцъирæг сты. Хъыг <æй дарынц. Раласта æмæ сæ йæ дзыппы нывæрдта. Бы- ры, быры... Йæ зæнг, здыйы хуызæн, ныууæззау. Йæ къухтæ, ныр, цыма, уый бæрц нал сийынц. Уысмы бæрц фæлæууы æмæ сæ аууæрды, стæй та—размæ, размæ. Чысыл ма, хæрз чысыл.. Къæсхуыргомму, фæтæнтæарæзт инæлар йæ сахатмæ æркæсы рæстæгæй-рæстæгмæ. „Ау, дыууæ барæгæй иу дæр нал?..и — сагъæстæ кæрæдзи сурынц. Рацу-бацу кæны ныккæнды иу къуымæй иннæмæ. Йе ’взистхил къæмисæнтыл аленк кæны дыдзы рухсы рæдзæ-мæ- дзаагæнæг тын. Ныккæнды дуар байгом. Уазал хæлæфæй æрбагуылф кодта. Ныллæггомау хæстоны уæхскыл йæ цонг ауагъ- та, афтæмæй чиугæ-чиугæ æрбахызт развæдагурæг. — Æмбал инæлар! — сдзырдта хæстон. Æнæрхъуы- дый& йæ цæф зæнгыл фенцой кодта. Йæ дæндæгты хъыр- 13
рыгст, фаецыд, йæ цæсгом сынцъылдтытæ. — Æмбал инæ- лар!.—фæкодта дыккаг хатт, фæлæ уæдмæ инæлар йæ къухæй ацамыдта: . уг-Æрбад, æмбал Новиков. Цъæхдзаст, бæрзондгомау, лæппу-лæт цадæггай ^æ- хи æруагъта дæрзæггонд фæйнæгæй бандоныл.. Йæ урс къæбæлдзыг худыл чысыл уæлæмæ фæхæцыд æмæ райдыдта: — Хæрз хæстæг баирвæзтыстæм, фыдгулы лæууæн- мæ, Уый къуылдымы бынмæ изæрмилтæй фæстæмæ æрвитьг ног тыхтæ. Бæрзæндыл къахынц акъоппытæ. Хъуысы сæ стыр змæлд. Бирæ хъæлæсты уынæр. Ко- мандæйы цыбыр фæхъæртæ. Æфсæйнаджы зæлланг... Ме ’мбал, куы рацæйцыдыстæм, уæд минæйæ... — Нови- ковæн дарддæр дзурын йæ бон нал баци. Ныттугрухр,. ныллæмæгъ. Йæ цæстыты раз сыстадысты алыгъуызон аемхæццæ бындзыты бардзтæ. тг Дохтыртæм, æмбал Новиков! — хæлар хъæлæс,æй- сдзырдта инæлар æмæ.та ныккæнды фаллаг къуьщмæ азцлд: г- Æмбал Чепуркин! Разведкæ куыд радзырдта, афтæ загътрй уацайраг немыцæгтæ дæр, уæлдайдæр та уыцы, хæдтæхæгскъæрæг. Æнæмæнг размæбырст цæттæ кæ-* нынц. Хъавынц уыцы къуылдымыл сæхи б’иноныг æрфидар кæнынмæ, дарддæр абырсынмæ, — дзырдта инæлар, стæй æдзынæг алæууыди. Сагъæсты аныгъуылд. Цæхгæр ф^езылд, ферттывтой йæ цæхæр цæстытæ йæ бæзджьш сау æрфгуыты бын: , г \. — Æвæстиатæй дзырд адæттын хъæуы полчытæм. Фыдгулы ныддæрæн хъæуы йæ размæбырсты агъоммæ. Раппарын æй хъæуы уыцы къуылдымæй. Фæлæ, куыд?.. Куыд.фехъусын кæнæм раззаг хахмæ? Цыфæнды. таех- гæ бæхыл дæр байрæджы уыдзæн. Рацийæ... телефо^- нæй?.'? Нæ! Фашисттæ уайтагъд фехъусдзысты, ацахс;- дзысты нын нæ бардзырд... — йæ мидбынат æрлæууыд, арф хъуыдытæгæнгæ, инæлар. Йæ фæлахс, хæрздаст 14
уадулыл йæ армытъæпæн æрхаста. Йæ. риуыдзаг су- лæфыд... ..... — Йссæ. Александры ^фырт, — комкоммæ йын йæ цæстытæм бакаст инæлар Чепуркин, — ды, мæнмæ гæс- гæ, ирон дæ! . .•. Иссæ исдугмæ ницы сдзырдта. Æдзынæг бакаст гвардийы дивизийы командир Чепуркинмæ,, стаей афтæ бакодта: — О, æз ирон дæн! Фæлæ уый ацы ахсджиаг уысм цы давы? --Иронау адзур полчытæм телефоны. . — Иронау? Ау! Уæвгæ, бæхджын æфсады æз иунæг ирон куынæ дæн мыййаг?! Цымæ Брытъиайы фырт кæм ис ныртæккæ? — Политхайады кусæг Брытъиайы фыр.т раззаг адх- хыл ис. * • , , Иссæйы цæстыты судзгæ цырæгътæ тынгдæр ферт- тывтой. Йæ фæтæн ныхыл рухсы улæн ахъазыд. Йæ чысыл цыбыр рихи йæ амонæн æнгуылдзæй адаудта., •> — О, уый диссаджы фæнд у! Фæдзур’ут мын ныртаек- кæ мæ иубæстаг Брытъиайы фыртмæ. Топпы нæмгуытау, Уырысы æгæрон атагъайы атах- тысты ирон æвзагыл хæстон бардзырды зæлланггæ- нæн зæлтæ. Скъæфтой номдзыд инæлары цыбыр, базыр- джын дзырдтæ... * /* Уæртæ хæлд танкæйы хъæбысы миты уæлæ ’ йæ зонгуытыл лæууы иу гуыбыр салдат. Урсдзыкку, мæс- тыгæр Бæстыхицау ыл йæхи ныццавта. Йæ ихæнгуьуь дзтæ йын æрсæрфта йе нæдаст рустыл, йæ бæрзæйыл. Салдат йæхи сæмпылдтытæ кодта. Йæ сæрыл цы ацæр- гæ. усы бæзджын кæлмæрзæн ’ .уыд,* ууыл размæ,'й& уадултæм æрбахæцыди. Телефоны хæтæл йæ > хъусь^л баныхæста. Йе ’взаг йæ комы рæстмæ налахады. Хт?æр- кæны телефоны: ^ .• * . - №
— Ганс, Ганс! Цы ’взагæй дзырдта уырыссæгтьт те- лефон? Нæ йæм хъуыстай? Ды дæр æй нæ бамбæрстай? — Нæй, нæй! — райхъуыст хæтæлæй. — Уырыссæг- тæ йæ сæхæдæг дæр нæ бамбæрстой. Байхъуыстон сын сæ ныхасмæ. Цьь ’взагæй, дам, дзырдтой? — фарСтой сæ кæрæдзийы... Салдаты ма цыдæр зæгъын фæндыд, фæлæ йæ бон нал уыд. Йе ’фсæртæ ныууадысты. Йæ дæндæгтæ кæ- рæдзийыл хойы. Бæстыхицау зилы йæ алыварс, лæбу- ры йæм: — у-у-у! — æхситт кæны. Æхгæны йын йæ дæстытæ, йæ фындзы хуынчъытæ... Салдат зилы йе ’мгубаччы. Йæ цæфхадджын уæззау цырыхъхъытæ ма æнæбары айсын фæразы. Хъуамæ йæ фындзы бын ада- уа, фæлæ йæ къух йæ коммæ нал кæсы. Йæ телефоны хæтæл митмæ æрхауд. Уый дæр уайтагъд йе ’мбæрц урс адардта... Цадæггай йæхи танкæйыл банцой кодта. Йæ бæрзæй йæ риуыл æрхауд. Йæ автомат зулзæбулæй æрзылд йæ фарсырдæм, суанг йæ цырыхъы онг. Цыдæр æхсыз- гон æнкъарæн февзæрд йæ сæры... МæНæ сæ хæдзары дуармæ фестад. Се стыр сырх хъуг мæнгагъуысты лæууы, сынæр.у цæгъды. Йæ урс хъоппæг цæстытæ йæм разылдта, бауасыд æм: — мму- у-у! — Рихтер ын йæ зыгъар ныхыл йæ арм рæвдаугæ æрсæрфта. Хъуг ын уайдзæф кæны: — Куыд æрæгмæ цыдтæ? Ам æз мæ фаг кæрдæг дæр куы никуыуал бахордтон... Уалынмæ уый нæ, фæ- лæ мæнæ йæ бурдзыкку, цъæхдзаст ус. — Æрцыдтæ, мæ зынаргъ? Куы йæ зонис, куыд зын мын уыд æнæ дæу!.. — атыхсти йе ’фцæджы... хæкъуырццæй кæуы... йæ мæллæг уæхсчытæ фесхъиу-фесхъиу систой... — Цш, цом хæдзармæ. Сабитае дæ уындмæ бæлгæйæ... Цы, дæ цæсгш нæ хъæцы? Уырысæй нын иунæг æрви- тæггаг куыд не ’рырвыстай?.. Уæртæ нæ сыхаг куы байдзаг ис алы фæллойæ... ■16 !
Салдат йæ сæр дæлæмæ æруагъта: — Уый, уый афицер уыд, ’афицер.Г^ æз — хуымæтæ- джы салдат... ...Хурыскæсæны ’рдыгæй, арвы нæрдау, азæлыдыс- ты: ура! ура! ура!.. Тохы быдыры галиу фарс, æгъдæнцæйттыл лæугæйæ, йе стыр бæхыл тæхы фæтæнных, циндзæсгом инæлар. Йæ сау уæйлаг нымæт ын, хæххон цæргæсы базыртау, ныттыгъта сæурайсомы ирдгæ. Йæ фæлмæн басылыхъъхы къабæзтæ йæ фæтæн уæхсчыты сæрты фæстæмæ ныр- раст сты, йæ райгуырæн ирыстойнаг æхсæрдзæны дыу- уæ урс цыхцырæгау. Хъæбатыр тохы цæхæр куы иуыр- дæм ассæнды, куы— иннæрдæм. Таурæгъты Уастырджи- ау, тохвæлтæрд инæлар йе ’фсæдты, цыма, йæ нымæты базырты бын дары, судзгæ нæмгуыты ихуардæй сæ хизы, уыйау, уæлахизæй ссæндынц, бырсынц. Счъил кæнынц сæ разæй тыхджын, кæлæн знаджы. Хъæбатыр эскадронтæ дысон æхсæвы тары хæрз æввахс бацыдысты фыдгултæм. Æвиппайды сæм хъазуа- тæй бабырстой. Сыууæрстой сæ сæ бæхты къæхты бын. Расчъил сæ кодтой, цы бæрзонд ахстой, уырдыгæй: Сурынц сæ размæ. Сæумæрайсомы сыгъдæг уæлдæфы æхситт кæнынц æхсаргæрдтæ. Хъуысти бæхты знæт хуыррытт, цæфты хъæрзын, топпы къæркъæр. Мæнæ иу барæг танкæйы фарсмæ ауыдта немыцаг салдаты. Баскъæрдта йæм кардæлвæстæй. Баныдзæвд ыл тæлтæг бæхы риуыгуыдыр... Лæг дæргъæй-дæргъ- мæ галиуырдæм æрфæлдæхт, кæлдым къодахау. Æфсургъ йæ фæстæгтыл фæлæууыд, ныхситт код- та. Бараег ма иу каст фæкодта фæстæмæ. Урс быды- ры цыма дунейы мæтыхтæ æрбадт, афтæ сау хъулон адардта знæгты мæрдтæй... Тох æрсабыр. Знагæй ма цы мæнгард муртæ аирвæзт» о* 17
уыдон тугæрхæмттæй баирвæзтысты сæ сæйраг тых- тæм! / ... Уæдмæ хур æрбаныдзæвд. Арвмæ ивылы знæтг фæллад бæхты комы тæф, сæ хиды фæздæг. Х^ьуысы сæ хъуытазхъуыр цъæхснаг мырмыр. Уадтымыгъау, йæ зынг æфсургъыл фæзынд цæхæр- цæст, рухсзæрдæ инæлар. Æрллæууыд йе ’фсæдты раз. -~ — Арфæ уын кæнын уе стыр уæлахизы сахат? — æхсаргарды æрцъыккау, сæууон уæлдæф адзæнгæл кодта йæ тыхджын хъæлæс. — Ура! Ура! Ура! — анæрыд æгæрон атагъаты æмæ сæдæгай фæринктыл зынг хуры тынтæ ахъазыдысты... КЪУЫРТТОН КАРК Ныр къуыридæргъы цæрынц Салумейы хæдзары æр- тæ афицеры. Йæхи йын сарамæ расырдтой æмæ уым лыстæныл æрынцой кæны. Йæ бирæ пух гобæттæ æмæ зæлдагцъар хъæццултæй йын ницы радтой. Йæ хуртуан- гæнæн сау нымæт йæ быны, кæддæр ын. йæ кæстæр фырт’Астемыр цы егъау сали æрхаста, уый — йæ уæлæ/ афтæмæй сарайы цармæ æдзынæгæй фæкæсы. Æгас æхсæв-бонмæ^ хуыссæджы хъæстæ нæ фæвæй- йы. Кæд райсомырдæм йæ цæстытæ чысыл кæрæдзийыл авæры, уæд та йыл алы фыдфынтæ, сау кæлмытау, æр- тыхсынц. Науæд та йе нæхонгæ уазджытæ тагъд-тагъд сдыгъал-дыгъул кæнынц æмæ уæд фестъæлфы, йæхи арвыл ныццæвы. Йæ рыст зæрдæ йæ хус риуæй рацæй- хауы. Йæ мæллæг уырзтæй æрсæрфы салийы бур, чырын- тæ фарс, кæнæ йын йæ фæлмæн хаутæ æрысгары æмæ йæхимидæг рæвдаугæ хъæлæсæй багуым-гуым кæны. г— Æ, дæ нывонд фæуон, мæ хъулонуарзт хъæбул* Кæк дæ мыййаг афонмæ ацы куйдзыхтæ искуы... — йæ ныхас æрдæгыл аскъуыйы. 18'
Æрбабон. Салуме йæ мидбынат Ьазмæлы. Йæ лыс- тæны сыбар-сыбур’ райхъуысы, стæй цадæггай, хъæрз-' гæ-хъæрзгæ рабады. Йæ урс дадалийы’ бынДзыг* йёе сау’ сæрбæттæны бынмæ банæмы æмæ сарййы ’къ^ыЪГты йæ цæст ахæссы. Уæвгæ ма дзы кæсгæ та цæмæ1 каёны^ цы ма дзы ис? ;\ ■ • •«• Ацы балбирæгътæ куыддæр аМ æрбыка? кЬдтой, аф- тæ йын’уайтагъд йæ хъуг, аныр-ауæд’ кодта, афтæ^æй’ адзæллæу ластой. Йæ гуыбынæй йын’ галыйас тæлфгæ рæуæд . систой æмæ йæ сæ куыйтæн аппæрстой’. Йæ дзуг кæрчытæ æмæ йын йæ гогызтЫ фæд’ыл бафты- дысты. Сæ хъуыдаттæй æмæ хъупп-хъуппæй бæстæ сæ сæрыл истой, мæгуыр. Сæ пакъуы кæрты къуымты згъæлд, цума сæм дунейы хъæрццыгъатæ фæлæбурдтой. Дыууæ бонмæ сæ æдхъуын, æдхъис аныхъуырдтой,- Æрмæст м*а уæртæ къуымгæрон, хордоны фæстæ, къуыртты бады иу сау опопа карк. Цыма уый дæр тыхгæнджытæй йæхи хизы, уыйау иунæг цъипп, иу- нæг хъахъа не скæндзæн! Иæ дыууæ чысыл сау цæс-' ты хæлын уæлтъæфæлтæ æрыхгæдта æмæ цыма тарф- фынæй кæньГ, афтæ йæхи дары. Салуме йæм комкоймæ никуы бакæсьг, æрмæст су- сæгæй, йæ цæсты зулæй. Афицертæ фылдæр хатт хæ- дзары вæййынц. фæлæ йæ уæртæ сисы фисынгæрон хъахъхъæнæг салдат мыййаг куы ауына. Уæвгæ, Салу- мемæ, цыма ацы æвзонг салдат цыдæр фæлмæн цæстæй ракæсы. Йæ цурты куы рацæйцæуы зæронд ус, уæд æм уый йæ мидбылты бахуды, йæ сæр гæзæмæ фæныл- лæг кæнгæйæ. Йæ фæтæн гуырыкойд æмæ йæ цъæх цæстытæй Астемыры цæрмыстыгъд бакодта æмæ йæм: бирæ хатт зæронд ус æдзынæг кæсын райдёйы. - • - Абон хуыцаубон у. Афицертæ • фæссихорæй. нырмæ минаеы ’фынгыл бадынц. Куы сæ хъæрæй худт’’райк’ . хъуысы, куы—сæ хæццæжлхак, куы та-г-сæ ’з’арын.11, г Салуме уынджы цыдæр къæцæлтæ æруыгъта æмæ кæрты астæу æрбацæйцыд. Астемыры æнгæс бур, лæп- ы
пынхъуын салдат та йæм йæ цæстытæй фæхудаегау кодта, стæй йæ фале цы.дыууæ цыбыр цъыхырыйы сæстаджы уыд, уыдон систа æмæ сæ усы хъæбысы æрæвæрдта,йæхæдæг йæ хъамагардыл йæ, сины сæрмæ чысы^фæстæмæ фæхæцыд æмæ та йæ бынатмæ чиугæ- чиугæ бакъахдзæф кодта. Ус дзургæ ницы скодта, фæлæ йæ фæдыл кæсы.,. да/Æвæццæгæн, йæ къах хæсты фæцæф. Афтæ æвзон- гæй аиппджынæн тæригъæд нæу!..—асагъæс кодта йæхи- мидæг, — æниу ын хъæугæ дæр кæны: цы йæ æрхаста искæй бæстæм.тыхгæцæг?" Раст уыцы сахат афицертæй иу, бæгъæмсар æмæ счъилдысæй, хæдзары фæрссагæй сарайырдæм йæ сæр радардта, ныллæг хъæлæсæй цыдæр зарæг амыдта. Æвиппайды хъæлдзæгæй цыдæртæ тагъд-тагъд сдзырд- та. Фæстæмæ фæзылд æмæ цалдæр уысммæ йе ’мбæлт- тæй иуимæ сараймæ æрбазгъордтой цæппиттыртæгæнгæ. А ныр каркмæ февнала, афтæ фæцудыдта æмæ дæл- гоммæ ахауд.’Карк, хъуыдаттгæнгæ, знæтæй рапæррæст ласта кæртмæ. Уæдмæ иннæ афицер къуыртмæ фæгуы- быр, хъарм æйчытæ йæ кителы фæччийы авгæдта æмæ хæдзармæ фæраст. Чи ахаудта, уый сыстад, хъахъхъæ- нæгмæ йæ цæстытæ фæирд кодта, карчырдæм йæ амо- нæн æнгуылдз адардта æмæ фæхъæр кодта: — Ганс! Шнел, шнел!* Салдат йæ автомат йæ чъылдыммæ фæзылдта æмæ, æрчипп-æрчиппгæнгæ, карчы фæдыл йæхи айста. Салу- ме дæр гуыбыр-гуыбыр сæ фæстæ атындзыдта: — Æ, уæ бындур .ныззила, ацы къуырттхортæ, кæд æй уæ. сæрмæ та куыд хæссут! Уæртæ фырмæллæгæй лæгуын куы ныцци. Пу, мæ фыдбылызтæ уæ хай!.. . Карк, хъуыдаттгæнгæ, уæрæх кæрты астæу ралидз- балйдз систа. Уæлдай тасы куы бахауы, уæд куы гæпп акæны* куы пæррæст. Афицер йæхæдæг дæр акъах- , I * Ганс! Тагъд, тагъд! 20.
дзæф кæны, фæлæ куы фæцуды, уæд та, йæ къух раз- мæ даргæйæ, хъæр райдайы: — Ганс! Шнел, шнел!.. . Уæдмæ иннæ дыууæ афицеры дæр хæдзарæй рахыз- тысты сырх цæхæрайы хуызæттæй. Æрдæбон æйчытæ чи бахаста, уыць1 дæргъындзæг. дæр карчы фæдыл баф- тыд. Йæ дамбацайæ цалдæр гæрахы фæкодта, фæлæ нæй! Æртыккаг афицерæн йæ кителы æгънæджытæ уæгъд’, йæ хотых йæ роныл дæлиау æривæзт, афтæмæй иу ран лæууы æмæ худæгæй мæлы. Йе стыр хидумæл, урсхæццæ сæрыхъуынтæ йæ ныхыл æркалдысты. Сига- рет ссудзыныл фæлвары, фæлæ йын не ’нтысы. Карк та æмбондгæрон йæ сурджыты куы фæсайдта, уæд та уый ныххудт æмæ йæ тамако йæ дзыхæй æрхауд. Стæй йæхи фæтызмæг кодта. Йæ бур хуымпырæй сласта йæ сауфистон дамбаца æмæ йæм карк æввæхс- ты куы ’рбацæйлыгъд, уæд — гæрах. Ганс йæ риуыл фæхæцыд, чысыл ацудыдта, стæй зæххыл дæлгоммæ сæмбæлд. Опопа та фæхъуыдатт кодта æмæ каумæ стахт. Цыма стыр дисы бахауд, уыйау, йæ къубал размæ райвæзта æмæ сæнтдзæф ракæс-бакæс систа. Салуме иедугмæ йæ мидбынат лæугæйæ аззад, стæй салдатмæ йæхи баппæрста, йæ сæрыл ын йæ мæллæг къухтæй схæцыд: — Æ, уæ кæрæдзийы туджы фæмаецат ноджыдæр ацы æдзард лæппуйы тæригъæдæй æмæ... — æххæст дзырд нæ фæци, афтæмæй дыккаг гæрах анæрыд. Ус йæ цæсгом заеххы ацавта æмæ уадидæгæн салдаты уæ- лæ æрхаудта. Афицер йæ.фæздæгдзых дамбацамæ хъуынтъы;-æр- фыгæй æркаст, стæй йæ йæ хуымпыры нытътъыста æмæ, цыма ихыл фæбырынæй тарст, уыйау хæлиу лæууыд йæ мидбынат... 21
ФЫЦЦАГ ЦÆССЫГ Фæззыгон ирд райсом Дадо сæ кæртмæ рахызт. Ху- ры тынтæ йæ сау цæстытæм фæкомкоммæ сты. Уый йæ цъæх нымæтхудыл дæлæмæ, йæ ныхырдæм æрхæцыд.. Йæ гуылмыз къухы уæлармæй йæ рихи адаудта æмæ йæ чысыл сæндонмаё/дыууæрдæм чиугæ-чиугæ араст. Хъыбылы мардыйас урс сæнæфсиры цупæлттæ рæ- гъæд нæма сты, фæлæ, ныридаёгæн, фырзадæй сæхи зæхмæ ласынц. Дадо сæм йæ урсхæццæ рихиты бынæй бахуды æмæ дарддæр ацæуы. Зындгонд ын у, алы та- лайы дæр - куыд ныссагъта, куыд рæзти, йæ уромæн- хъилмæ йæ куыд баста. Мæнæ сæндоны кæрон иу зад тала з&ххыл ныффæл- дæхт. Лыстæг сау мæлдзгуытæ йæ иу нæмыгæй иннæ- мæ рауай-бауай кæнынц. Лæг æм æргуыбыр, арæхстгай , йын йе ’наенгуылдз къух йæ быны бакодта, схæцыд ыл æмæ раздæр цы хъилмæ баст уыд, уымæ йæ бангом кодта.Ие ’ннае къухыл дæр ма ис æрмæст хистæр æмæ амонæн æнгуылдзы цыбыр бындзæфхæдтæ. Йæ дзып- > пæй систа цыбыргомау къанапийы лыггаг. Йæ бурбын ихсыд ^æндæгтæй ныххæцыд талайы чысыл къалиуыл æмæ йæ бæттын райдыдта. Бæттæн куыддæр иу тыхт æрбакодта, æфтæ йæ хъустыл ауад бæзджын, гарзы комæй цæуæгау, стуры богъ-богъ. Талайы йæ дæндагæй не суагъта, афтæмæй йæ цæсты зулæй дæлæма акаст. Дæлæ стыр, урсдзых куыр карст хуымы æрбацæуы. Сау хохы сау уæигау футтытæ кæны, йæ сæр тилы. Йæ урс хъоппæг цæстытæ туджы зилынц. Йе ставд къæхтæ зæнджы нарæгмæ ногклрст хуымы ныгъуы- лынц. . Колхозы’ мæнæуы цъеримæ æрбахæццæ. Чысыл æм бакаст, басмыста йæм, стæй йæ бæрзæй фæкъуыпп, йæ къуыбыр сытæ цъерийы фæцавта æмæ йæ æвиппайды сриуыгъта. Цъерийæн уайтагъд йæ бынхæстæ фæуæлæ- 22
мæ сты. Хъæмпыты ’хсæнты сырх мæнæу ныссæхсæх кодта. - Дадо йæ тала æрдæгбастæй фæуагъта. Йæ хæдараз- гæ къæхтыл йæ гуыр дыууæрдæм раппар-баппаргæнгæ уырдыджы атындзыдта: ’ — Хе-хе! Бирæгъты амæттаг фæуай! — Фæлæ йæ уый хъуыды дæр нæ кæны. Йæ богъ-богъ йæ разæй <æрвиты æмæ та иннæ цъерийы дæр фæфæлдæхта. Дадо тагъд-тагъд мæсты улæфт скодта æмæ йæ тых, йæ бо- нæй атындзыдта. Фæлæ йæ къæхтæй сæ иу куыддæр фæиртæст, лæг размæ асæрбихъуырой æмæ уæлгоммæ фæлдæхтæй аззад. — Ут æлгъыст фæуа, мæн ма афтæ къуыдырæй цы ^сæст ныууагъта... — хъæр кодта æмæ йæ хилдзагъд къухтæ арвмæ ныттылдта. Куыры бæзджын богъ-богъ ногæй тынгдæр анæрыд. Дадо дæлгоммæ æрзылд, йæ дæндæгтæ нылхъывта æмæ йæм скаст. Уый бынтон сæрра. Цæуы гуымгуымгæнгæ Æмæ цъери цъерийы фæстæ хæрдмæ фесхъиуы. Лæг стгæ’ нæ, фæлæ-иу, арæх хæсты быдыры куыд кодта, афтæ размæ бырыныл фæци. Цы дыууæ иæн- куыл æнгуылдзы ма йын ис, уыдон, зæгæлау, зæххы фæсадзы- æмæ та йæхи размæ фесхойьГ. Ныввахс цъе- ритæм. Хус хъæмпы æхсæнтæй ставд мæнæуы згъæлы- ны уынæр куы сыхъуысы, уæд йæ дæндæгтæ мæсты къæскъæс ныккæнынц æмæ та размæ йæхи алвасы, Дур ыл бæргæ ныззыввытт кæнид, фæлæ йæ цæмæй сиса?.. — Баба, баба! -— тылдтытæгæнгæ йæм æрызгъордта йе скъоладзау лæппу. Йæ фыды раз йæ зонгуытыл æр- хауд æмæ йын йæ цæсты бын арф ауæдзы иунæг стыр цæссыг куы ауыдта, уæд исдугмæ джихæй аззад. Ни- куы федта йæ фыды цæссыгтæ. Æмæ раст у! Дадойæн уыцы.карз тохы минæты схъистæ йæ къабæзтæ куы ацагътой, уæд дæр сур цæстæй каст фæздæгæмбæрзт тохы 0ыдырмæ. Фæлæ ныр, ныр!.. Йæ маст, сау калмау, йæ хъуыры ныттымбыл æмæ ничердæмуал комы. 23
Лæппу йын йæ уырзты фæлмæнæй йæ цæссыг асæрф- та, стæй дурмæ фæлæбурдта æмæ богъырдæм йæэш ап~ пæрста... КУЫРÆТ Цымæ цы агуры Гæззиан абондæргъы? Ныр цал аёмæ цал зылды ракодта гуыбыр-гуыбыр сæ уаты къуымты! Къулыл ауыгъд сты йæ иунæг зынгхуыст хъæбулы да- рæс. Сæ быны æрлæууы, йæ къæдз астæу чысыл сраст кæны, йæ лыстæг даргъ уачъи сивазы æмæ сæм ным- дзаст вæййы. Урс тинтычъи басылыхъхъы зæлдаг цупа- лыл йæ хус арм æрхæссы. Уый фарсмæ донгъуыз цухъ- хъа — йæ фæтæн риуыл урс пылыстæг .бæрцыты дыу- уæ рæсугъд рæгъы. Чысыл фалдæр—сау ^бухар худ, æв~ заджджын рон æмæ цыбыргомау æвзист хъама. ’ Гæззиан се ’ппæтыл дæр йæ цæст ахаста. Кæд фæ- гуыбыри, уæддæр бæрзонд ус у æмæ сæ дзæбæх уы- ны, фæлæ уæддæр афтæ зæрдæтыхстæй цы агуры, уый нæй æмæ нæй! Фæстæмæ та раздæхт. Къуымты лыс- тæггай кæсы, йæхимидæг дисы æфты: „Оу, мæнæ мæ хæйрæджытæ сайынц... Уæдæ уый дæр иннæ дарæси- мæ куы æрцауыгътон, — стæй йæ фырты нывмæ скаст æмæ йæ фæрсы: „Æццæй, мæ хъæбул, дæ куырæт къулыл нæ уы- ди?" _ ’’ , ... Нындзыгау йæ мидбынаты ус. Йæ сау сæрбæт- тæны бынæй, бæлоны базырау, цы урс дадалийы бын- дзыг æрзæбул, ууыл йæ уырзтæ сæвæрдта æмæ хъуы- дыты аныгъуылд. Йæ цæсты уæлтъæфæлтæ æрæхгæдта,. цымæ фынæй кодта, уыйау. Æвиппайды тарффынæйæ фехъал, фестъæлфыд æмæг тагъд-тагъд рæбинаг къуыммæ фæраст. Уым стыр æр- гъæу, чырыны дуар бакодта æмæ дзы рæсугъд тыхтæй систа^ урс куырæт. Усæн йæ фæлахс, фæткъуывУх 24
хуызæн уадултыл’ цины улæн ахъазыд. Сæ арф къусчы- тæй, йе свзонджы бонтау, ферттывтой йæ мæтбадæн сау цæстытæ. Йæ тæнæг былтæ, йæ ныхы хæххытау; фæйнæрдæм айтынг сты: - ’’ : • — Мæнæ кæм дæ, мæнæ... Æз та дæ абоидæргъы.... Фæрссаджы размæ рацыд. Райтынг кодта куырæт. Йæ дыууæ къухы йын йæ дæлуæхсчыты акодта æмæ йæм лыстæг æркаст. Фæрссагæй цы хъарм хуры тыв æрбахызт, уый- куырæты дысы бынæй бакаст æмæ, йæ тар мидæггагыл, сыгъзæрин æмпъузæнау, сæрттывта. Ус æм хæрз æввахс йæ цæст æрдардта, стаей йыл йæ уырзтæ æрхаста: „Ахæм ирд æмпъузæн уанцоннæу!.. Чи йыл æй хъуа- мæ?\. Дысыл уæлдæр схæцыд æмæ мæнæ йæ дæларм — гом. • : — Æ, мæ сæр амæла, мæ сæр! Скъуыд куы уу скъуыд. Ай æмпъузæн нæ, фæлæ хуры тыны сыгъз&рин майдан куы у, хуры тыны, — цыдæр фæлмæн зæрдæйæ,. искæимæ дзурæгау, ныхасыл схæцыд зæронд ус/ .' Бандоныл æрбадт. Йæ сау къандзолы тарæй фæдзæл* джын судзин систа æмæ куырæты скъуыд ам сынк; уым сынкæй хуыйын райдыдта. Йæ фæдзæл фæци. Ныггуы- быр æмæ ма йын разæй цы ихсыд дыууæ къæпсыр дæндаджы уыдис, уыдонæй æндах куыддæрты алыг кодта. Арф ныуулæфыд, йæ фырты нывмæ скаст æмæ сдзырдта. 1 — Нал уынын, нал, дæ нывонд фæуон, мæ хъæбул! Дæхицæн бинонты амал бакæн æмæ æз дæр æрынцайон. Цымæ та йæ кæм тыхæскъуыд акодтай?! Æвæццæгæй та хъæбысæй хæцыдтæ. Дæхи ма мын чысыл гаги æн- хъæлыс, афтæмæй дæ фындзы бын та æгасæй, мæйдар æхсæвау, тар адардта... Уæдмæ дуар æрбайгом. Æрбахызт сæ сыхæгты чызг„ саудзыкку чызг — йæ къухы урс тæбæгъ. . *' - —- Мæнæ дын Гыцци уæлибых æрбарвыста. Цалынмæ» дам, хъарм у, уæдмæ дзы ахæр. '25
Гæззиан æм цадæггай йæ сæр разылдта: — О, йæ хт>æбулты хурæй бафсæда, кæд алыбон мæ- нæн нæ бахъуыд! У&ртæ.нырма мæхи аходæн дæр ле- цыл куы лæууы.. Дæ тæбæгъ уал мæнæ фæрссаджы дæлпæйнæгыл æрывæр æмæ мын мæнæ фæдзæл акæн. Мæ сыджыты ,фæуинаг цæстытæй ницыуал аевзарын. Чызг тæбæгъ куы æрæвæрдта æмæ фæдзæл куы акодта, уæд сдзырдта: — Нана, æмæ ма ацы куырæт ибон дæр куы хуыд- тай. — Ацу, гæдыла! Кæд æй хуыдтон? Абондæргъы йæ агурынæй мæ сæр куы разылд. , - — Огъ, гæдыла! Æмæ йæ гъеуæд мæ цуры куы райстай уæлæ къулæй, — ныкæл-кæл кодта чызг^ — стæй йæ чырыны дæр мæ цуры куы нывæрдтай. Гæззиан судзин райста, цалдæр сыкчы ма скодта, стæй куырæт бахаста, цухъхъайы фарсмæ йæ æрцауыгъ-^ та æмæ та басылыхъхъы цупал йæ армы ратул-батул райдыдта... АФИЦЕРЫ РАДЗЫРДТÆ 1. ДЫУУÆ РÆДЫДЫ Бон æрбацъæх, афтæ бахæццæ стæм немыцæгты ак’Ьоппытæм. Уый агъоммæ не стыр сармадзантæ цал- дæр сахаты дæргъы, нæ полчы æфсæдты сæрты, æп- пæт сæ тæссаг æрвнæрд, сæ судзгæ цæхæр сарæзтой ардæм. Рагуалдзæджы милрихи быдыр уыцы тыхджын хо-' тыхты æмæхст æмæ гыбар-гыбурæй, авдæнау, æнкъуыст. Акъоппытæн сæ фылдæры сармадзаны нæмгуытæ бахуым кодтой, сæмвæз сты. Саумæр сыджыты бынæй зынди кгрм. пыхцылæнгуылдз къух, кæм цырыхъджын къах, кæм автоматы лулæ, кæм та. тымбыл танхъайы цъæл. ,26
Иуæй-иу рæтты сæртæ-гуыртæй лæууыдысты къæс- хуыр, цъæхцинелджын салдæттæ: чи сæ дæлгоммæ, ^и йæ фарсыл стымбылтæ, чи та сæ уæлгоммæ, цæнгтæ- тыгъдæй йе ’мбæрц зæхх бацахста. Сæумæрайсомы ирдгæ топпыхосы фæздæгæй йе ’мыдзаг уæлдæфы здухæгау кæны урс хъазы фæлмæн пакъуы. Фрицтæ ам, украинаг чысыл хъæугæрон, æнæ- хъæн къуыри уыдысты æмæ сæ акъоппытæм хастой хæ- дзæрттæй хуыссæнгæрзтæ: базтæ, гобæттæ, хъæццултæ- Бирæтæ та истой устыты кæлмæрзæнтæ æмæ-иу сæ стыхтой сæ хъустæ, сæ даргъ уачъитæ, ’сæ цæсгæмт-. тæ, æрмæст ма-иу æрттывтой сæ, туасау ныхсаг, цъæх . цæстытæ. Гъё, æмæ ма ныр, дысоны сармадзанты æрвнæрды фæст&, фыдгултæй удæгас чи баззад, уыдон фæлыгъ- дыстЫ. Мах дзы иунæг удæгас лæджы дæр нал баййæф- там’ сæ хæцæнуæтты. _ ’ ’ Бырсæм дарддæр. Бон дзæбæх æрбарухс, афтæ хъæуМæ бахæццæ стæм. Иунæг сыбыртт дæр дзы ни^ куыЦæй ’хъуыськ. нæ куыдзы рæйын, нæ уасæджы уа- ’сын, нæ адæймаджы уынæр. Хъуыдыты аныгъуылдтæН: „Гъа, кæрчыты фрицтæ ацъацъа кодтой, адæм &вир- хъау хæсты тасæй нымбæхстысты, фæлæ куыйтæ та цы фёсты, куыйтæ, уыдон дæр дыкъахыг бирæгътае адастой?.. Ме взводы салдæттæ хъæуы кæронæрдыгæй уынгты ЧшвыЛДысты. Мæнмæ чысыл раздæр нæ ротæйы коман- дирйаехимæ фæдзырдта, æмæ ныр уымæй куы раЗцæх-_ тæн уæд тындзын мæ хæстонты фæстæ. Бонрæфты рагуалдзæджы комулæфт йæ тыхы куы бацæуы^ уæд бæстæ фæхъармдзæф вæййы, фæлæ ныр- ма сæумæцъæх уыдис æмæ уазал дзæнгæлтæ кодта. Мæ хъусджын худыл арфдæр % æрхæцыдтæн, мæ урс цыбыр кæрц æнгомдæр æрбалвæстон æмæ фæцæуьш хъæугæрон. Хæдзæрттæй ма бирæтæн баззад æрмæст сæ агуырийæамад бæрзонд фæздæгдзæуæнтæ. Зынынц стыр уæлмæрды фыдох цыртдзæвæнтау. 27
-.Иу хæдзары фисынæй куыддæр ’бахызтæн; йфтæ тæщæ цъайгæрон мæ разы, йæ фарсыл фæлдæхтæй, хуыссы немыцаг фельдфебель. Бæрæгæй мæм фæзынД йæ ныхыл даргъ нуæс. Æз мæ хотыхмæ февнæлдтон. Немыцаг уайтагъд фæбадæг. Йæ дамбаца аппæрста æмæ йæ къухтæ сдардта. Бацыдтæн йæ цурмæ. Йæ хæцæнгарзмæ йын куыд фæгуыбыр кодтон, афтæ мæ уый æвиппайды йæ цæф- , хадджын цырыхъхъæй нырриуыгъта æмæ талынг, хуыскъ цъайы смидæг дæн. Ницыуал бамбæрстон, фæуадзыгау дæн. Раст цыма мæ хуылфыдзаума ныккалдысты," афтæ фæдæн. Æр>æ- джиау æрчъицыдтон. Слæууыдтæн. Систон мæ дзыппы фонарь. Мæ фарсылдарæн хызын — мæ къæхты цур. Æвæццæгæн, куы ’рцæйхаудтæн, уæд мæ сæрты рас- хъиудта. Систон æй, уайтагъд æй асгæрстон, йæ хуылфы мын сæрак чыссæйы, суанг цыппор фыццæгæм азæй нырмæ, цы цыппар Георгийы дзуары æвæрд ис, уыдон йам стыи загътон мæ мид-зæрдæйы æмæ хызын ме ’фцæджы бафтыдтон. Кæсын бæстондæр фонары рухсмæ. Цъайы къултæ бæзджын æмбæрзт сты цъæх хъуынайæ, мæ къæхты быц дæр — фæлмæн хъуына. Мæ бакомкоммæ къуымы ис лæджы сæры къуыдыр. Ууыл дæр кæрдæггъуыз хъуына фæхæцыд. Йæ * цæстыты арф къуырфытæ’ зы- нынц, дыууæ саудалынг уæрмау. Йæ ных — фæтæн, къуыпп. Раст цыма стыр сагъæсты аныгъуылд, афтæ мæм кæсы. , Мæхимидæг хъуыды кæнын: „Ацы адæймагæн йе ’ниæ стæгдар кæм ис, иунæг йæ сæры къуыдыр ардæм кæцæй æрхаудта?..." Мæ зæрдыл æрлæууыд, къуыриразмæ мын ацыхъæу- мæ æввах иу чысыл горæты иу зæронд лæг цы æвир- хъау хабар радзырдта, уый. 1-^Уыд æрæгвæззæг,—дзырдта мын зæронд лæг.~ Мæ фатеры тæккæ бакомкоммæ немыцаг коменда- 28
турæ^æ баппæрстой иу бæзæрхыгкъуылых,æфсæддоны. Уыдис ыл командиры цинел,„ портупей, фæтæн, бурбын рон. Йаь. сæрыл—стъалыджын хъусджын худ. Йæ тугæр- зæм цæсгомыл иугай тадысты миты пыхцыл тъыфылтæ. • Кæсын мæ уаты фæрссагæй. Цасдæр рæстæджы фæс- тæ йæ комендатурæйы къæсæрæй расхуыста иу салдат. Ныр ыл нал дæр цинел уыд, нал дæр худ, нал дæр цырыхъхъытæ. Йæ галиу уадул цъæх афæлдæхт, лæ- дæрс^ йæ туг. Цæст фыррæсыдæй йæ къуырфæй .ра- хауы. Хъахъхъæнæг æй, къуырдтытæгæнгæ, æрбаскъæрдта мæ фатеры цур талынг ныккæндмæ. Дуар ыл ных- гæдта æмæ, йæхæдæг, æфсæнхыз фæрссæгты раз, йæ •автомат йæ риуыл зулмæ ауыгъд, афтæмæй дыууæрдæм рацу-бацу райдыдта. Изæрырдæм ахст лæджы ронбæгъд æмæ’ бæгъæм- вадæй ныккæнды асин’æй схизын кодтой. Йæ фæтæн къахвæдтæ ’рыгмитыл уагъта, афтæмæй та йæ басхуыс- той комендатурæйы къæсæрæй. Мæ хъус дарын. Нал æмае нал зыны. Æрæджиау æй кæнгæ нал, фæлæ ракодтой ласгæ. Уынгмæ ;йæ раппæ- рстой. Уый чысыл йе ’муд куы ’рцыд, уæд йæ армы- дзаг мит æрбахынцъы кодта æмæ йæ схаста йæ рæсыд, тугæйдзаг былт’æм, стæй йæ цонгыл фенцой кодта æмæ сыстад. Салдат ыл стай-тай кодта, йæ цырыхъхъы фындзæй йæ асхуыста. Уый цудтытæгæнгæ хилы размæ. Йæ бур сæры хъуынтыл ма туг кæм нæ ныхъхъæбæр, уыцы бын- дзгуыты йын ирдгæ фæйлауы. Ахæстоны дурын асин- тыл та йæ бынмæ нысхуыста хъахъхъæнæг. , .Сабыр æхсæв. Иунæг сыбыртт никуыцæй хъуысы. Æз æмæ ме *фсины цæстыл хуыссæг нæ хæцы. Цы фæ- ци;увды æнамонд лæг? Къухмæрзæны тыхтæй не стъо- лыл лæууынц иу кæрдзыны къæбæр æмæ æртæ фых картофы. Куыд ын сæ бадæттæм? Ныр кæдæй нырмæ ахъав-ахъав кæнæм, фæлæ нæй! Уыцы дæргъындзæг салдат;дыууæрдæм зилы æфсæнхыз фæрссæгты раз. \ 29
Уалынмæ дын стыр фæсахсæвæртæм æввахс ныккæн- дæй хъуысын райдыдтой æвирхъау богътæ. . пО, о, о, о! Размæ! Ротæ, хъус мæ командæГÆм- æхст, æмæхст!.. Цæвут фашистты, цæвут!" Хъахъхъæнæг æм фæрссæгтæ ныххоста, æлгъиты йæ. Фæлæ уый не ’нцайы. Ныр та фæлмæндæр хъæ- лæсæй дзуры: — Галя, Галинæ, мæ хуры тын... Афтæ æнæхъæн æхсæв-бонмæ нæ банцад йæ’хъуыр- гъуындæгæй. Мах бадæм нæ хуыссæны. Мæ зæронд усæн йæ цæссыгтæ кæлынц æмæ йæхиуыл дзуæрттæ æфтауы. , Бонырдæм ахст лæг ныхъхъус. Мах загътам, зæгъгæ, уыцы æвирхъау митæн нæ бафæрæзта æмæ сæрра, стæй амард... Уæдмæ дзæбæх æрбабон, Хъахъхъæцæджы аивтой. Хур скаст. Цасдæр рæстæджы фæстæ иу дфи- цер, иу æфсæддон дохтыр æмæ »у санитар, йæ къухы, хызын, афтæмæй ныккæндмæ ныххызтысты. Кæсын та мæ уаты фæрссагæй, аивæй мæ хъус да- рын. Цасдæр рæстæджы фæстæ схызтысты. Санитары. къухы уыдис лæджы сæр. Хæцыд ын йæ бур хилтыл, Йæ туджы æртæхтæ тагъдысты ногуард митмæ.,.—фæ- ци дзырд зæронд лæг. Арф ныуулæфыд. Йæ урс шев.. ченкорихитæ адаудта æмæ ма йæ ныхасмæ бафт’ыдта: -г Фæстæдæр нæхи " уырыссаг дохтырæй куыд фе- хъуыстон, афтæмæй, дам, сæ уыцы лæджы сæр хъуы- дис, цæмæй йын йæ д^агъзмæ гæсгæ рабæрæг кодтаик-. кой йæ сæррайы аххосаг. Æвæццæгæн, дам, ыл йе ’рцахсты агъоммæ искуы æрра куыдз фæх’æцыд, Фæлæ æз та афтæ æнхъæл дæн, æмæ адонæн сæхицæй æр- радæр зæххыл иу куыдз дæр нæ уыдзæн, æмæ уыцы æнадонд лæгæн дыууæ боны йæ туг куы нуæзтой, уый æгъгъæд нæ уыд сæррайæн, уæд ма цы бæрæг код- то^? л.Гъе, æмæ ныр мæнæ мæ бакомкоммæ цы сæры- къуьгдыр ис, уый, зæгъын, кæд, мыййаг уыцыхъæбатыр 30
командиры сæр у. Дзуццæг æрбадтæн æмæ йæмæ’ къухæй иуæрдæм афæлдæхтон. Уайтагъд дын йае цæст* уаты къуырфæй сзындис калмы сæр. Йæхи æхситгæнгæ сивæзта. Æз цъайы иннæ къулмæ ’мæхи балхъывтон æмæ мæ дамбаца фелвæстон. " < , Сбырыд цыбыргомау; саухъулон калм. Иу цалдæр уысмы мæмсхъæлсæрæй фæкаст, стæй цъайы фаллаг къулыл уæлæмæ лæсын райдыдта. „Æвæццæгæн, -ам нæ дыууæйæн иумæ бынат нæй æмæ лидзы", — ахъуыды кодтон доæхимидæг. Æдзынæг каесын йæ фæдыл. Уый быры,' быры, сабыр- гай, æмхæрд нæ, фæлæ зултæ-мултæгæнгæ. Хаттæй-4 хатт йæ даргъ саер мæнырдæм райвазы æмæ мæм æкцад’ фемдзаствæййы, стæй та лæсы дарддæр. Æз куыддæр нындзыгау дæн. Йæ’фæдыл æнæфæип- пæрдæй мæ цæст хæссын. Раст цыма мæ улæфт’ дæр бйурæдтон, уыйау ныджджих дæн. Уый * хилы æмæ^ -хилы. Цъайæн йе *мбисмæ æввахс куы схæццæ, уæд хæр- даив нал, фæлæ зулмæ æрбабырыд мæ тæккæ сæрмæ. Æвиппайды æрбатымбылтæ æмæ мыл йæхи цæгтыхтæй раппæрста. Æз уыцы иу сæррæтт акодтон цъайы фаллаг къуыммæ. Раздæр кæм лæууыдтæн, калмæн уым * йæ тъæпп фæцыд. Уайтагъд айхæлд, ныхситт кодта æмæ ме ’рдæм æрбайвæзы. Мæ сæры хъуын арц алæууыд. Мæ дамбацайы нæм- гуытæ йыл фæдфæдыл иууылдæр банымадтон. Уый йæ- хи æрбатымбыл кодта, сыфсыфгæнгæ, йæ къæдзил цал- дæр хатты фæхъил кодта æмæ æвзагластæй йæ ’мид- бынат баззад... „ ч , Ацы стыр тугкалæн хæсты цал æмæ цал хатты лæу- уыдтæн æгъатыр мæлæты раз, цал æмæ цал хатты мæ- цыдтæн мæ туджы, фæлæ ныры хуызæн никуы фæтарс- • тæн. Мæ хиды æртæхтæ мае буарыл гæргæр кодтой, мæ зæрдæ йæ гуыпп-гуыппæй нал æмæ нал æнцад... Ныр хорз бамбæрстон мæ абоны дыууæ рæдыды. .31 "
Аходæнафонмæ æввахс мæ хъæуы устытæ, мæ хъæр фехъусыны фæстæ, цъайæ бæндæнтæй куы сластой, у?ед сын бæстоц радзырдтон, дæргъындзæг иемыцаг фельдфебель æмæ уый хуызæн даргъсæр, саухъулон калм мыл хинæй куыд рацыдысты, мæхæдæг куыд рæуæу- уаенк разындтæн, уый... 2. ДЫУУÆ ФЕМБÆЛДЫ Изæрырдæм бахæццæ дæн æфсæнваендаджы станцæ- мæ* Ме взводы хæстонтæ уыдысты иу хæдзары дæл- базыр. Чи сæ йæ хотых сæрфта, чи хуыдта йæ хæдоны æфцæггот, чи та сæ фыстæг фыста. Мæн ауынгæйæ, хистæр сержант Саламы фырт фес- тад, скомандæ кодта. Салдæттæ сæ бынæтты æмраст алæууыдысты. Сержант мæ размæ цалдæр хъæддых къахдзæфы ракодта æмæ йæ, зæлланг хъæлæс анæрыд: — Æмбал лейтенант, взвод... Æз æм мæ къух фæдардтон, зæгъгæ, нæ хъæуы... Æрбадтæн цыдæр къуыдыры лыггагыл. Фæлгæсын станцæ^ыл. Уæртæ, гъе, скъолайы бæрзонд агъуыст. Æрмæст уæд, цыппор фыццæгæм азы, йæ фисын калд нæ уыдис. Йæ цъæх зест сæрыл хъазыдысты сæрды- гон хуры зæрин тынтæ. Чысыл фалдæр — вокзал. Баз- > задысты ма йæ къултæ- къахыртæй æмæ арыдтытæй. Уæртæ чысыл дæугæдон. Иу хатт æй куыд федтон/ афтæ у<айы сæрсæргæнгæ. Уыцы æлгъыстаджы бон нæ полк фæстæмæ куы цыдис, уæд ацы доны ныффи- дар нæ пулеметтæласæн уæрдон.. Тыхæй-фыдæй ма йæ лæгдыхæй сæппæрстам. Йæ дзыхæй нæ ту никæмæн хауд фырмæстæй. Бо- нæй-бонмæ налат знаг арфæй-арфдæр бырста нæ Фыды- зæхмæ. Мах та ^зæрдæрыст æмæ тугæрхæмттæй Хуры- скæсæнмæ нæ ных скодтам. Ныр æппæт уыцы дудгæбæттæ мæ цæсты раз сыс-, тадысты æмæ мæ сагъæсты ныдздзæгъæлтæ дæн. 32
...Мæ зæнг та йæ дыздызæй шл æнцадис, рыстл, куыд æй урæдтрн, афтæ. Раджы мын фæцæф —суанг Сталинграды стыр тохты минæйы схъисæй. /Дыууæ мæ- йы фæхуыссыдтæн госпиталы. Мæ цæф байгас. / Къуыр- фæй баззади мæ хъæдгомы бынат, раст дзы тымбыл къух баныгъуылдзæн. Цæугæ-цæуын мын нæ фæриссы, æвæццæгæн, йæ тæвдæй, фæлæ куы ,рулæфын, уæд йæ судзгæ рыстæй нал фенцайы. О, æмæ мьш ныр дæр тынг дуды, фаелæ цы мæ бон ч у! Систон мæ тамакодон чыссæ. Раскъуыдтон сæгъы- сыкъаваг тамако стухынæн газеты гæххæтт. Гъаныр мæ дыууæ эдгуылдзы тамакодон чыссæйы ауадзон, афтæ ыет ^Саламы фырт йæ сау цæстытæй фæхудæгау кодта: — Æмбал лейтенант, мæнæ дын сигарет, — æмæ мæм æрбалæвæрдта æнæ^съæн къопп. ’ * Райстон æй. Иу дзьг сластон æмæ къопп фæстæмæ йæ хшшумæ дæттын. . — Уадз æй, мæнйæ ма дзы ис, — сдзырдта уый.,Стæй сæрыстырæй йе ’рттиваг æфсæнзынгхос æркъæпп код- та. Цъæхбын æрттиваг сырх æвзаг æмуырдыг алæууыд æнæуддзæф уæлдæфы. Мæ сигареты кæронмæ йæ арæхстгай æрбадардта. ^з тамакойæ иу æхсызгон улæфт скодтон, йæ ,фæз- дæг ын мæ армытъæпæнæй ассыдтон æмæ йæ афарстон: — Кæм дын уыдысты? Йæ сау тæнхъуын былтыл та мидбылхудт ацауын- дзæг, йæ къерсхуыр уадул йæ даргъ а^нгуылдзæй æр- сæрфта æмæ райдыдта: — Дрдæм куы æрбахæццæ стæм, уæд кæсын æмæ æфсæнвæндаджы фалейæ лæнкауы чидæр гуыбыр-гуыбыр фæхъуызы. Чысыл алæууы, знæт, тарстхуызæй алы- рдæм йæ хъус адары æмæ та дарддæр йæхи айсы. 4?3 рельсыты иннæ фæрсты йæ размæ фæдæн. Йæ фæндаг ын æрæхгæдтон. „Дфлæу", зæгъгæ, йыл фæ- хъщр кодтон топпæргъæвдæй. Уый сагъдау аззад æмæ йæ къухтцл схæцыд. Уыдис æм цалдæр къоппы сига- 3* 33
рёттæ. Джигул кæнгæйæ йын дзы дыууæ райстон, иу ахæм ма та йын йæхицæн ныууагътон,— фæци ^йæ.ны- хаЪ сержант æмæ йæ дзыпмæ нывнæлдта: * ’Ч^’Мæнæ уый. та йæдамбаца. г ;■. *'^—Æмæ ныр кæм’’ис? ’" ; г;:./^уæртæ уыцы скъæты, — ацамыдта мын Сай&мы фырт’ чысыл. дæлдæр иу бæстыхаймæ. —- Командир у æви салдат? : '>:<•— Иу- дæргъындзæг^ ацæргæ фельдфебель! 'Ы<1^ Фельдфебель?— сирвæзт мæ ^цымыдисæй. * т :' -^•0!-' ’. - : . ’ ’ • -'■ '-Г;:ч— Цом-ма, фенæм æй, зæгъгæ’, фæкодтон æмæ.'фæ- раСт стæм.- Хъахъ^ъæнæг салдат нын дуар бакодта: Уацайраг кæвдæсыл бадт.Куы нæ ауыдта, уæд, кæлм- дзæфау, фестад, йæ цъæх цæстытæ нæм ныйирдкодта.> ’ -Æз æм æввахсдæр бацыдтæн, лыстæг æм бакас’тæн: йæ ныхы нуæс, абон æй куыд федтон, афтæ сырхæй зыны. ■ . ■— Ды уыдтæ уый абон цъййы цур? — афарстон \æй немыцагау æрдæгцъæррæмыгъдтытæй. . л . Уыи мын уырыссагау афтæ: -ч •*.• — 0, æз уыдтæн. - Сержантæн йæ сау цæстытæ цымыдис æрттывд фæ- кодтой: *..■;••' — Æмбал лейтенант, зонгæ дын у? •: Æз мæ мидбылты мæсты худт бакодтон: —Ю, зонгæ... Абон райсомæй мæ/мæнгардæй цъайы нывзылдта æмæ сымах дæр уымæн æрæгмæ æййæфтон. ,; Сержант æ№ стайы гæпп бакодта, фæлæ йыл æз фæ- хъæр4. кодтон: ’ / ’ • ’ : ’ ■. 1 ’ — Æнцад, ма бавнал! * ’ \'- ’’ . Уый мæм тызмæг цæстæнгас æрбаппæрста: ’ :: •" ’ ’—Фашисттæ æргом, лæгæй-лæгмæ тохы нæ, ’фæлæ фæльйвдæй ’ аемæ мæнгарД&й... .•■•■."*'• ),» ■ ’ ^1—Гæнæн". нæй, æмбал сержант, æфсæддой хийдай- над’,—загътон æ’з’æмæ уацайраджы афарстой: 'л'<' '"'■ 34
— Ды цъайы был барæй хуыссыдтæ æви?.. — Нæ, кантузи фæдæн. Уæ сармадзаны нæмыг мæ тæккæ цур фехæлд æмæ исдугмæ æппындæр ницыуал базыдтон, — дзуапп радта уый æмæ æнцад лæууы. Æз ын загътон, сбад зæгъгæ. Уый бадгæ нæ, фæлæ йæ дзыппæй сигарет систа æмæ мæм лæгъзтæгæнæджы каст æрбакодта: ; ..,г — Герр афицер, кæд гæнæн ис, уæд мын-дæ зынг..ч Æз æм мæ судзгæ папирос бадардтон. Ссыг-ъта йæ сигарет æмæ, йæ сæр фæныллæг кæнгæйæ, бузныг, зæгъгæ, фæкодта. Уацайраджы штабмæ’ арвыстон’ æмæ рацыдыстæм. '■■*•• Цæлхыдзаг мæй стылд арвы кæронæй. Бæстæ ныс- сабыр. Иунæг унæр, иунæг топпы хъæр никуыцæй хъуысы. Мæ зæрдыл æрлæууыдысты Пушкины позмæ- йы ,рæнхъытæ: •" ’ •••: *..?» •/' •■ -■ ... Сабыр украинаг æхсæв, ♦ ;. ; Арв — ирд, стъалытæ æрттивъши. Ныхъхъус хуыссæгхъæлдзæг уæлдæф, Гæзæмæ талмы сыфтæ ризынц. "<-••• Сержантимæ постытыл азылдыстæм. ФæстаЬлæ раз’- дæхгæйæ ныл иу хæдзары раз хæрхæмбйелД фæц^йс *йу зæронд лæг, цыди лæдзæджы æнцæйтты; "г^лйуьфдæм æрчепп-æрчеппгæнгæ. ч " *. *\ * ■" ':' — Де ’хсæв хорз, нæ фыды хаи, зæгъгæ,"йын ’загъ- тон. ’ :' \ , • - Уый бузныджы нысанæн йæ саер’’фæныллæг к’одта æмæ йæ урс цуркбоцъо адаудта: '.V, \ — Дыминаг уæм нæй, мæ хъæбултæ?11 æмæ æмбонд- гæрон фæхсбандоныл йæхи æруагъта» ’’ "’ '•г'( ’’ ’ . —Куыннæ, куыннæ, — фæкод та’ "сержант’ ’ æмæ йæм сигарет ’балæвæрдта, стæй йæ зынгхос’ фæкъæ’пп йбдта æмæ йын æй ссыгъта. ._-..».«..,, ^ -., -’Зæ’ронд лæджы пыхцыл рйх’ййы г'бь1Н>1Й?хгсызУой мид- б#л*уйт:;стæлфйд: ’ 'г " :'н г>4{,*<<г .►"■-*;..'■«■', 35
— Сигарет дæр æмæ зынгхос дæр трафейон. Афтæ хъæуы, гъе, лæппутæ. — Стæй иу дымд скодта æмæ нын йæ цурмæ ацамыдта: - * . — Æрбадут уал, аулæфут. Мæ зæронд сæр уæ ны- вонд фæуæд, фашистты сæ сау лæгæтмæ уэенгсасты- тæй чи фæтæры. Мæнæ ацы цины бонтæ нæ федтон, уæд мæ мæрдтæм ницы бахæццæ, уыдаад. Ныр цалын- - мæ уæлахизы бон дæр æрæййафон, уæдмæ мæлын нæ акомдзынæн. Хæцын афтæ хъæуы, гъе, мæ хъæбултæ, — Ды дæр искуы хæцыдтæ, нæ фыды хай? Зæрондæн йæ цъæх цæстыт,æ ферттывтой, йæ мид- бынат базмæлыд: ~ — Фыццаг Германы хæстæн йæ ркйдианæй йæ кæ- ронмæ. Уыдтæн райдианы салдат, стæй та ротæйы ко- ^мандир. Фехъуыстаиккат Брусиловы номдзыд бабырст. Уым дæр фæдæн. Мæнæ мæ зæнг дæр уым бакуйстон, — цæстæнгасæй ацамыдта йæ къуылых къахмæ. — Куыд хæцыдтæн, уый æвдисæндартæ мæм бæргæ уыд, фæлæ, гъа, нал сты. * — Ома цæмæй зæгъыс?...—афарстон æй. —/Ацы хæсты райдианæй мæй æмæ æрдæджы бæрц рауадаид, афтæ не *фсад ацы станцæйыл фæстæмæ ивыл- дысты. Фæллад, цæфтæ, бирæтæ — æххормаг. Йæ кады ном дунетыл кæмæн ныхъхъæр, уыцы Сырх Æфсад нæ фыды зæхх фыдгулæн уадзы æмæ Хурскæсæнмæ гуылф кæны. Фырмæстæй зæрдæскъуыд кæнæм. Иу изæр та мæм мæнæ ацы æмбондгæронæй æрба- дзырдта иу бæрзонд, æнæдаст салдат: — Мæ фыды *ай, иу къæбæр дæм никуы уыдзæн? Мæ маст ноджы тынгдæр адæнгæл: — Ныртæккæ!—зæгъгæ, фæкодтон. Хæдзармæ ба- уадтæн, Дыууын авц азы бæрц чырыны къуымы арф кæй фефснайдтон, уыцы сæрак чыссæ систон, рахастон æй æмæ йæ хæстоны риуыл фæкодтон: 1 — Гъа, æдзæсгом, тæппуд! Уый дын дзул! Туг æмæ рондзæй фæкалай дæ мады æхсыр, дæ бæстæйы лæг- 36
гæдтæ, фыдгулы разæй æгадæй ч# лидзы! Стæй мæ хъуыр ахгæдта æмæ мæ бынаты æрхауæгау кодтон. —-Æмæ уæд цы фæци уыцы хæстон? — Цы фæци? Чыссæ айстал æнæмбарæджы каст æм æркодта, йæ хызыны йæ нывæрдта æмæ дарддæр ацыдис. Мæнæн цадæггай мæ цæсты раз сыстадысты, цыппор фыццæгæм азы, æрхъулайæ раирвæзыны фæстæ, æцæг* дæр, ацы хæдзары цур куыд æрлæууыдтæн, ацы къуы- лых лæгæй дзул куыд куырдтон. Йæ сæрак чыссæ уæдæй нырмæ мæ хызыиы куыд хæссын, æппæт уыдæт- тæ. Уæлдайдæр зæронды судзгæ æлгъыстытæ æмæ уайдзæфтæ, цыргъ хъамайау, сагъдæй баззадысты мæ зæрдæйы абоны онг. Уыцы, хъама сласдзынæн, æрмæст- дæр Берлины къæсæрæй куы бахизон, уæд. Сæрак чыссæ та ныртæккæ мæнæ йæ хкцауæн ратдзынæн. Систон чыссæ, æркъул æй кодтон мæ армытъæпæн- мæ? Георгийы цыппар дзуары мæйрухсмæ тæмæнтæ акалд- той. Зæронд лæг исдуг фергъуыйау, стæй мыл йæхи æрбаппæрста, йæ урс рихийы хъуынтæ мæ уадулыл аны- хæстысты, йæ цæнгтæ мæ уæхсчытыл æрбатыхта: — Бахатыр мын кæн, мæ хъæбул, уæды судзгæ æл- гъыстытæ...—æмæ кæддæры Георгийы æххæст кавалеры зæронд цæстыты цины фæрдгуытæ ферттывтой... Май, 1968 УЫРЫССАГ ЗÆРДÆ Дыууæ боны дæргъы фæрахау-бахау кодтой раз- вæдсгарджытæ „æвзаг14 агурæг, фæлæ сæ къухы ницы æмæ ницы æфтыд. Æппынæрæджиау, дысон бонырдæм, иу ныллæг хиды хъус суыдтой хъахъхъæнæг салдаты. Сæ гуыбыны } цармыл лæсын байдыдтой æмæ аивтæ- аивтæй могойы бынмæ баирвæзтысты. Уым æрныгъуыл- 37
дысты, сæ улæфт суагътой æмæ хъусьтнц лыстæггай. Чысыл цæугæдон, ^у^æг сырсьфгæнгæ» арвæлмонæй .уа-; йы. Мæйы уæздан тынтæ йæ рæсуг култы, йæ сабыр улæнты, бабызы лæппынтау, ленчытæ кæнынц, сæхи найынц. Хъæдын хидыл хъуысы салдаты цæфхадджын цырыхъхъы тъупп-тъупп. « Добринин Иван йæ дыууæ æмбалæн къухæй аца- мыдта, сьшах уал афтæ лæуут, зæгъгæ, йæхæдæг чы- сыл уæлдæр сбырыд æмæ йæ цæст дары. Æввахсæй- æввахсдæр хъуысы салдаты къæхты хъæр. Уæлæ йæ аууон фæндаджы урс риуыл сатæг-сауæй æрбадаргъ. Иван бынтондæр зæххыл нынныхæст, æгасæй дæр хъус- тæ æмæ цæстытæ фестад, Немыцаг хиды хъусмæ æрбахæццæ, чысыл алæууыд, фæйнæрдæм афæлгæстытæ кодта, стæй та сабыргай раздæхт. Йæ рахиз фарсыл йæ цирхъы къæдзил фæ- зæбулау. Йæ риувæйнæгыл зулаив цæхгæрмæ лæууы йæ автомат, хæцы йыл йæ дыууæ къухæй. Цалдæр къахдзæфы акодта, афтæ йыл Добринин фæстæрдыгæй йæхи ныццавта, йæ дзых ын ацахста æмæ йæ уæлгом- мæ фæфæлдæхта. Немыцаг ма йын мæйрухсмæ æрмæст ауыдта йе схъæл бур рихитæ æмæ йæ галы къæлæты- йас цъæх цæстытæ, æндæр ницыуал базыдта. Уæдмæ йе ’мбæлттæ дæр йæ цуры февзæрдысты.. Уацейрагæн йæ хотыхтæ стыдтой æмæ йæ сæ разæй ра- кодтой. Гъе, æмæ йæ ныр сæумæрайсом батальоны штабы къæсæрæй баппæрстой. Сæ балцы хабæрттæ радзырд- той командирæн, стæй се’ртæ дæр сæ цатырмæ ратын- дзыдтой. Фырæххормагæй сын сæ тъæнгтæ фæхор- дæуы. Нæма æрбадтысты, афтæмæй сæ дзул æмæ сæ къалбасы хæйттыл сæхи ныццавтой. Добринин йæ хуыссæны нывæрзæнмæ фæкомкоммæ: мæнæ æртæтигъон конверт. Йæ комдзаг йæ дзыхы æйæууылдæй фæурæдта, фыстæг фелвæста, æркаст ын йæ адресы къухфыстмæ. Уайтагъд базыдта йæ фыды 38
мадьг,. кæддæры ахуыргæнæджы бæлвырд,- тымбылзылд дамгъæтæ. Æртæтигъон гæххæтт йæ армы цалдæр \хат- ты æрзылдта. Йæ бакæнынмæ йæ ныфс нæ хæссы, т^æр- сы цæмæйдæр... , Мæйразмæ ссæрибар йæ райгуырæн хъæу фыд- гултæй. Куы йæ фехъуыста, уæд уайтагъд ныффыста йæ бинонтæм, фæлæ йæм ныры онг ницы бæрæг æрцыд. Ныр^мæнæ, гъе, йæ къухы тæлфæгау кæны хæдаразгæ конв.ерт. Æдде бакæсгæйæ, бæргæ урс бæлоны хуызæн у, æртахт, æм цъæх фурдтæ, урс хæхтæ, тыгъд быдыр- ты сæрты хабардзау, фæлæ дзы мидæгæй кæд сау сын- ты уасын райхъуысдзæн*.. Йæ зæрдæ знæт тыррыкк- тыррыкк кæны... Февзаерд йæ райгуырæн хæдзары. Ба- каст. йæ бинонтæй алкæй цæстытæм дæр... ,Æппынфæстаг аскъуыдта конверты кæрон. Систа дзы цыппар дыдагъæй,-чырынтæ тетрады сыф, кæсы йæ, Йе ’мбæлттæ йæм æдзынæгæй нымдзаст сты. Доб- ринины цæсгом куыдфæстагмæ тарæй-тардæр кæны, сау фæлм ыл бады. Цыма йæ хъуыр æрбахгæдта,, уы- йау стæлфыд, цыдæр нынныхъуырæгау кодта, стæй йе нæдаст уадултыл æртылд стыр фæрдыджыйас цæссыг- тæ. Йæ. фæтæн ных йæ армытъæпæныл æруагъта, йæ астæу æркъæлæтау æмæ ныхъхъус. Æрмæст йæ уæхс- чытæ фесхъиу-фесхъиу кæнынц. Йе ’мбæлттæ сæ хæ- рын ныууагътой æмæ йæ, цуры сæргуыбырæй слæууы- дысты... Æппæт дæр ныхъхъус, ныгуыппæг. Æрмæст рæстæгæй-рæстæгмæ хъуысы Иваны фуртт-фуртт. Уыцы тыхджын, æхсарджын лæг, сывæллонау, кæуы, стым- ■был...* — Æмбал Добринин, штабмæ! — æрбайхъуыст цаты- ры дуарæй кæйдæр дзурын. Уый фестад, йæ цæстытæ асæрфта, йæ фыстæг йæ дзыппы авæрдта æмæ .йæхи арæвдз кодта. Йæ хæри- нæгтæ: хуыссæныл фæуагъта, афтæмæй фæцæуæг. Йе ’мбæлттæй йын сæ иу къæсæргæрон йæ цинелы дзыппы дзул æмæ дæндагдзæф къалбасы лыггаг атъыста. 39
— Гъа, уæд та дæ искуыдæм æрвитынц, уæд... Лейтенант ын йæ фыццаг фæкодта, чысыл раздæр цы немыцаджы æркодтой, уый: — Ныххæццæ йæ кæн полчы штабмæ! — Ис, полчы штабмæ! — æфсæддон салам авæрдта Иван. Уацайраг салдат цæуы сæргуыбырæй. Йæ иу къахæй хæцы йæ хæлафыл, цæмæй йын ма ’рхауа. Цæуынц дыу- уæ салдаты, дыууаё знаджы. Добрининæн йæ^ сагъæс- тæ сты, чысыл раздæр цы фыстæг бакаст, уыимæ. Йæ цæстыты раз хицæн дамгъæгай згъорынц, йæ зæр- дæ кæмæй фескъуыйы, йæ масты дзæкъул кæмæй’ ныд- дæнгæл, уыцы сау хабардзау рæнхъытæ: „...Де ’фсины æхсгæ фæкодтой... Валяйыл тыхæй хæцыд-расыг афи- цер æмæ скъолайы дыккаг уæладзыджы фæрссагæйг йæхи раппæрста". Тракторист Добринин Иван æрымысыд, дыууæ азы размæ, хæстмæ куьь раст кодта, уыцы сæумæрайсом. Сæ пецы цурæй цалдæр, къахдзæфы ракодта, етæй, уырыссаг æгъдаумæ гæсгæ, чысыл æрбадт. Йæ хиетæр чызг Валя, фарастæм къласы ахуыргæнинаг, йæ ’ хъуы- рыл атыхст. Йæ чысыл мæнæргъыгъуыз былтæ йын йæ- хурсыгъд уадулыл авæрдта. Йæ дыууæ фаззон, къуы- бырфындз лæппуйы йæ фæйнæ фæрстыл банцой кодтой æмæ йæм хæрдмæ кастысты. Йæ къæсхуыртæарæат, сыгъзæриндзыкку æфсин ын хæцыд йæ дзаумадон хы- зыныл., Йæ зæронд мад æм балæвæрдта ногæхсад, цып- партыхт’ фындзмæрзæн... Æппæт адон, кинонывтау,, згъорынц, йæ , разæй цы уацайраг цæуы, уый цъæхбын фæсонтыл. Айрох дзы ис, кæдæм цæуы æмæ йæ разæй чи ис. Йæ зæрдæ нæ хицæн кæны йæ ^райгуырæн къуымæй, йæ уарзон бинон- тæй. „Валя, Валя, мæ цæхдзаст, хъæлдзæг чызп... мæ цъыбар-цъыбургæнаг зæрватыкк... худинаджы бæсты мæ- лæт |)авзæрстайи,.. Æваст фестъæлфыд Добринин: „Ау, ай удæгас фа- 40
шнст у æмæ йæм æз афтæ кæсон?-—фæбогъ кодта йæ хъæлæсыдзаг: — Æлгъыст фæут, сау кæлмытæ! — æмæ йæ автоматы сампалы хъæр райхъуыст, фæцарæз- та йæ салдатмæ, йæ цæстытæ туджы азылдыСты, йæ маст ратоны... йæ цæст фæцъынд кодта æмæ фæхъа- выд. Немыцаг фæстæмæ фæзылд. Йæ зонгуытыл æрхауд, йæхиуыл дзуæрттæ афтыдта æмæ ризгæ хъæлæсæй сдзырдта: - „Ой, майн готт!". Сывæллæттæ мын’ис... Æз зæх- кусæг дæн/.. Йæ цæссыгтæ фемæхстысты, стæй йæ цæсгомыл йæ къухтæ амбæрзта: — Майн готт! * ' Добринин бамбæрста йе знаджы лæгъзтæ... Йæ мид- бынат сагъдау аззад. Йæ автоматæй йæ къухтæ райста æмæ йæ риувæйнæгыл æрзæбул. Йæ бур, пыхцыл æрф- гуыты æлхынцъ айхæлд.. Йæ хъусты зæлынц немыца- джы ныхæстæ: „Сывæллæттæ мын ис. Æз зæхкусæг дæн\.. — Сыст, цæй! Хæйрæджыты хай фæут! — сдзырдта йæм ныллæг хъæлæсæй. Уацайраг сыстад. Мæлæтдзаг тасæй семыдзаг цæс- тытæ æрбазылдта уырыссаг салдатмæ. Йæхиуыл та дзуæрттæ афтыдта æмæ æнхъæлмæ кæсы йæ хицаумæ, цы майын кæнинаг у дарддæр... Кæрæдзимæ фæком- коммæ сты, фæлæ цыма æфсæрмæй сæ иу иннæйы цæс- тæнгас нæ баурæдта, уыйау исдугмæ зæхмæ ныккастыс- ты. Иван ыл æрæджиау фæхъæр кодта: — Фриц, размæ! Салдат акъахдзæф кодта. Æвæццæгæн, йæ хæлафы æгънæджытæ лыг кæйч уыдысты, уый дзы æрбайрох æмæ йыл нал фæхæцыд, афтæмæй йын йæ уæраджьь чъиритæм æрхауд. Йæ цæстыты ныр мæлæты тас * О, мæ хуыцау (нем.) 41
нал.уыд, фæлæ сæ фæзынд æгаддзинады судзгæ мцстм. Йæ хæлафыл схæцыд æмæ та асанчъех кодта. . : ,': — Гъе, фриц, фæлæу-ма, — бадзырдта йæм Иван æдоæ йæ фæтæн бур роныл йæ къух æрæвæрдта, стæй йын йæ хæлафы комдæлмæ ацамыдта, дæ рон уым ба- бæтт, зæгъгæ. Немыцаг æй бамбæрста. Уайтагъд йæ рон айхæлдта æмæ йæ бабаста йæ хæлафыл. Хæлар цæстытæ базылд- та уырыссагмæ, гæзæмæ йæ мидбылты дæр фæхудт æмæ та арасг. < Цæуынц хъæдгæрæтты. Алчи дæр сæ йæхи сагъæс- ты аныгъуылд. Фæззыгон бон бынтон ныггуыппæг. Цыма хæст фæцис, уыйау нæ дæр топпы хъæр, нæ дæр сарма- дзаны нæрын хъуысы. Æгæрыстæмæй, сырддон цъиу- тæй дæр иунæг цъипп, иунæг чирик нæ зæлы. Æрмæст дыууæ салдаты къæхты бын, сыгъзæрин суарийы хуы- зæн бур, сырх сыфтæртæ сæрсæр кæнынц. , Ронбæгъд немыцагæн цыма йæ кæрдæггъуыз тæнæг цинел æрдæбонæй бирæ фæдаргъдæр, уыйау æрхæццæ руанг йæ цыбырхъус, уæззау цырыхъхъыты æмбисмæ. Йæ дцргъ къубал размæ айвæзт, афтæмæй стыр сан- чъехтæ кæны. Йæ пилоткæ, æвæццæгæн, æгæр разуæз конд фæци æмæ йæ сæры астæу стыр æрдузы лæгуыны кæрон ирдæй зыны. Йæ галиу фарс къутæртæм йæ ца^сты зул дары... „...Цымæ лидзынмæ хъавы?.. чи зоны, æдзух хъæд- мæ уымæн кæсы. Ау, ахæм æдзæсгом разындзæн?.. — уæд тæригъæд нал", — сагъæстæ кæны Иван æмæ йæ автоматы хъæд йæ фидар, дæрзæг къухæй тынгдæр æрбалхъывта. Уацайраг цæуы уыцы иугъуызон цыдæй. Раздæрау, хъæдгæрæттæй йæ цæст нæ исы. Уæртæ сырх-сырхид уагъылыйы къутæр. Дардмæ, тырысайау, бæрæг дары. Бахæццæ йæм сты. Немыцаг æм фæлæбурдта. Цæугæ- ца^уын дзы дыууæ лæпъа уагъылыйы ратыдта æмæ сæ æд æппытæ йæ дзыхы баппæрста, стæй йæ. къухы 42
цы.теманыйас уагъылыйысындз аныхст, уый сласта æмæ йе-’нгуылдз ацъырдта... . Добринин æм ницы сдзырдта, нæ дæр йæ цыд фæ- тагъддæр кодта. Йæ дзыппæй дзул æмæ къалбасы лыг-, гаг систа. Дыууæ дихы сæ акодта æмæ фæдзырдта: - ’— Фриц, фæлæу! • Уый цæхгæр фæзылд. Йæ къух уагъылыйы къутæр- мæ даргæйæ, цыдæртæ сдзырдта. ■ — Хорз, хорз! Æмбарын дæ! Стонг дæ æмæ лæбу- рыс. Гъа, мæнæ дын, — æмæ йæм дзул æмæ къалбасы лыггаг баппæрста. Уый сæ ацахста. Куы хæринæгтæм æркæсы, куы та уырыссагмæ базилы йæ фæлмæн цйн- етъæлф цæстытæ... —- Бафтъæр æмæ цæугæ! Хæйрæджы хай фæут, кæд уæм хонæг нæ арвыстам! Сымахæн цы хъæуы, уый бæргæ зонын, фæлæ, гъа, уæрццаг фæуæд мæ зæрдæ... 1963 аз Т Ы Р Ы С А Суары фæз. Уый Ирыстоны урссæр хæхты хъæбысы, комы дымæгмæ æввахс, цъæх-цъæхидæй лæууы. Дар- дæй йæм куы кæсай, уæд афтæ зыны, цыма у, цæссы- гау^ рæсуг цад æмæ цадæггай фæйлауы, уæздан улæн- тæ хæссы. Фæзы кæрон, тыфылтæкэлæг арахъхъау, карзсуар æнусты дæргъы абузы, ирд цæппузыртæ æппары.. Суар йæ развæды хуыртæй кæуыл ныдзæвы, уыдон сырхæй зынынц, раст дзы цыма исчи сырх хъуымацы сæвджын тын айтыгъта, уыйау. Æз-иу уæлыгæсæй, гъе, фыййауæй суары тæккæ цур сбадтæн æмæ дзы мæ цæст нæ истон. Цинау мæм касти, уыцы æнæнымæц, тутт фæрдгуытæ кæрæдзийы фæдыл куыд абызтой æмæ куыд тадысты, уый уынын. Æгæрыстæмæй йæ дæллаг фарс арф комæй цы фыдуаг, 43
урсдзыкку дон гыбар-гыбур чкодта, уый хъæр Дæр-иу мæм нал хъуысти. Нуазынмæ ныггуыбыр кодтай ацы суармæ, уæд дзы дыууæ-æртæ сулæфтæй фылдæр нæ бафæраздзынæ: фындзы хуынчъытæ рацæйтонынц. ...Уыцы бон дæр та мæ чысыл фосы дзуг изæрырдæм хизгæ-хизгæ рацæйуагътон Суары фæзы. Ракастæн ти- гъæй æмæ мæ цæстытæ астыртæ сты: фæзы ; астæумæ æрæмбырд дунейы адæм. Сæ фарсмæ стыр бæласы лыг- гагыл лæууы цыбыргомау, фидæрттæарæзт лæг æмæ цы- даер æхсызгон ныхас кæны. Рæстæгæй-рæстæгмæ, цæр- гæсы базыртау, йæ къухтæ бæрзонд сисы, стæй сæ, æх- саргарды æрцъыккау, уæлдæф æмуырдыг ахауын кæны. Адæм сæ мидбынæтты лæууынц æмæ æнцад, æнæ- змæлгæйæ хъусынц. Афтæ мæм зыны, цыма фæзы ал- варс бæрзонд наз бæлæстæ дæр сæ пыхцыл къабæзтæ дæлаемæ æруагътой- æмæ сæ алы чысыл цъæх судзи- нæй дæр ныхасгæнæджы судзгæ иыхасы алы зæл дæр ахсынц. Æз тынг сцымыдис дæн: чи сты, цæуыл дзурынц?... Мæ цъуй лæдзæг мæ фæдыл ласгæ, размæ ракъах- дзæф кодтон,фæлæ æвиппайды мæ хъустыл ауад кæй- дæр сæртæг хъæлæс: — Æрлæу, кæцы дæ! Цæхгæр фæзылдтæн. Уæртæ мæм фæскъутæрæй иу нымæтджын лæг топпы лулæ дары. Йæ цæстытæ йæ сау аэрфгуыты бын, дыууæ зынгау, æрттивынц. Æз нал фæстæмæ акъахдзæф уæндын, нал—размæ. ~ Ауадз æй, уый нæ фыййау у.^Уадз æмæ уый дæр æмбырдмæ байхъуса, — æрбадзырдта йæм чысыл фал- дæрæй зонгæ хъæлæс. Уый йæ хотых æруагъта æмæ фæлыг кодтаг . — Гъæй кæн, æфсымæр! Æз ма фыццаг уымæ фæкастæн, стæй—мæ фосмæ^ æмæ фæраст дæн æмбырдмæ; Адæмы цур æрлæууыд- тæн. ^æ цæст сыл ахастон. Сæ фылдæрыл ис цухъ- хъатæ, урс кæнæ сау нымæтхудтæ. Ис дзы, æрмæст 44
куьфæттæ кæуыл ис, ахæмтæ дæр. Уæртæ дзы иу цал- дæрыл та ис зæронд салдаттаг цинелтæ. Нæ хъæуккаг лæгты иууылдæр базыдтон, фæлæ еæ ме ’рдæм ничи ракаст, иууылдæр уыцы цыбыр, сау- лагъз лæгмæ нымдзаст сты. \ Уымæн изæрыгон сыгъдæг уæлдæфы йæ тыхджын хьæлæс нæры. Æвæццæгæн, канд адæмы нæ, фæлæ йæ- аимæ нылвæста; уæлæ сæ урс басылыхъхъытæ фæцæй- ныгуылæг хур сыгъзæрин доны кæмæн стылдта, уыцы тызмæг, æгомыг хæхти дæр. — Меньшевикты тугдзых хицауады ныхмæ растынмæ цæттæ у æгас Гуырдзыстон. Знæгтæ ныфс æвæрынц фæсарæйнаг джебогътæй, фæлæ сæхи сау зæрдæты нынныхсдзысты. Зæхх судзы сæ къæхты бын. Зонынц> сæ сæфты дуг æрцыд æмæ ма, цæф сырдау, альфдæм фынкдзых, зыхъхъырдæндагæй лæбурынц. Мæн фидар нь$фс ис, нæ мæгуыр, тохвæллад Ирыстон та ацы хъаз- уаты дæр йæ кард йæ кæрддзæмы æгадæй кæй нæ ньшь- тъысдзæн, йæ топп милнысан кæй нæ фæсайдзæн, — дзу- ры рратор, стæй арвгæронмæ фæкомкоммæ: — Уæлæ-ма скæсут, Цæгатæй — стыр Уырысы бæс- тæйæ, нæ сæрмæ цы зæрæхсид сыстади! Уый у ХЭктя-! бры Сырх Тырысайы, хъæбатыр Ленины тырысайыфæл- гондз. Махмæ, хæххон адæммæ, сиды ’размæ, сæриб^ры тохмæ, ^ Æмбæлттæ! Æфсымæртæ! Уæдæ æнусты дæргъы лæ адæмы хуыздæр фырттæ сæ туг кæуыл ныккалдтой, уы- цы сæрибарыл хæцынмæ цæттæ стæм æви нæ? — Цæттæ, .цæттæ, Алыксандр, канд хæцынмæ нæ, фæлæ мæлынмæ дæр, — азæлыд адæмы тыхджын хъæ-, лæс. Уалынмæ фæзы кæронæй æрбазынд нæ хъæуккаг лæг Гæбила. Йæ уæлæ салдаттаг цинел, цъуппхуд, :йæ фæсонтыл — зулаив ауыгъд йæ цыбыр къæрæбин. . Мæ зæрдыл .æрлæууыд, фарон хæстæй куы а$рыз- дæхт, уыцы изæр. Сæ хæдзармæ æрбамбырд сты æгас 45
хъæубæстæ: пъатæ, хъæбыстæ, цины цæссыгтæ.Г.’Уый уæд йæ къæрæбин æмæ йæ цинел къулыл æрцауыгъта. Йæ тымбыл кателок устытæм радта, систа йæ цъуппхуд дæр. Фæстаг хатт йæ салдаттаг дзаумадон хызьш бай- гом кодта æмæ дзы сласта цыдæр тыхтон лыстæг къа-. напийæ бæстытæ. Æдзынæг æм фæкаст иудзæвгар, цыма йæ фыццаг хатт федта, кæнæ ныртæккæ йемæ дзурын райдайдзæнг уыйау. Никæмæ йæ радта. Се стыр æргъæу чырыны цурмæ бацыд, бакæнын æй кодта, æмæ уыцы тыхтон дзаумæтты бын нывæрдта, стæй чырыны дæгъæл йæ- химæ райста. Хъæуы лæгтæ сæ кæрæдзимæ дисгæйæ- джы.каст бакодтой, стæй йæ фæрсын райдыдтой ног хабæрттæй. Гæбила дзырдта зæрдæбынæй. Йæ цъæх цæстытæ-иу ферттывтой, йæ даргъ бур æрфгуытæ-иу айтынг сты, куы та-иу тар æлхынцъытæ фесты. Йæ ныхасы арæх æмбæлди — революци, Ленин, Октябрь, большевик... Ацы дзырдтæ ма-иу æз уый размæ дæр кæддæрты фехъуыс- тон, фæлæ цы нысан кодтой, уымæн ницы æмбæрс- тон.' .. Мæн/ чысыл хохаг лæппуйы, тынгдæр æндæвта, дй- сы æфтыдта, Гæбила чырыны цы тыхтон нывæрдта, уый/ Цы дзы ис, уагæры... куыд æй базындæуа?.. Чырынмæ æввахс мæхи баластон, мæ уырзтæ дæр ыл æрхастон, фæлæ уый ницы дзуры, æрмæст йæ хуылфы æмбæхсы цыдæр алæмæты сусæгдзинад æмæ æгомыгæй кæсы... > ...Ныр мæнæ Гæбила адæмы цурмæ æрбахæццæ. Алык- сандры фарсмæ хъæды лыггагмæ схызт. Йæ цъуппху- дыл йæ фæтæн ныхæй уæлдæр фæхæцыд, стæй йæ цй- нелы тарæй раласта, мæнæн фаронæй нырмæ æнцой *чи нæ чшæвæрдта, уыцы дæргъæлвæс алæмæты тыхтон. Мæ зæрдæ фырцымыдисæй сгуыпп-гуыпп кодта: „Цы уы- дзæн, салдат афтæ æмбæхстæй, цæсты гагуыйау,. кæй хъах^хъæдта, уый?..а '• • Арæхстгай йæ райхæлдта. Цы урс хъæцъилы /тгшт 46
уыд,' уый райтынг æмæ дзы æвиппайды фæзынд цыДæр сырх’ хуыз. Йæ кæроныл ын фæхæцыд æмæ йæ къух æвиппайды æрриуыгъта. Сырх хъуымац, арты æЬзагау, ссыгъд, хæстоны фæринк хурмæ куыд ферттивы, афтæ ныттæмæн калдта. Æз «сдугмæ куыддæр фæдæн, мæ цæстытæ: атар’ьь тæ сты... Гæбила мæм йæ цурмæ фæдзырдта, мæ лæдзæг мыгё айста æмæ йыл уыцы сырх хъуымац æрфидар кодта. Бæрзонд æй сдардта. Адæм нымдзæгъд кодтой. Алык- сандр æм йе стыр сау цæстытæ, стъæлфæнтæ æппар- гæ, сзылдта, йæ ’къухæй йæм ацамыдта: —:Æмбæлттæ, уый у Октябры Сырх Тырысайы Лыг- гаг, Уырысы æгæрон быдырты йæ фарны базырты ’бын чи бакодта, уыцы тырысайы фæдон.’Сиды нæм размæ; æхсарджын тохмæ... ’ ’" ; ...Æрдæбоны зæрæхсид ноджы бæрзонддæр’ спырх арвы цъæх денджызы! Мæнæ ам, Суары фæзы та хæххон ирдгæмæ алæмæты сырхбазыр маргъау, спæрпæр код- та’тохы тырыса адæмы сæрмæ, стæй сæ разæй арает3 хъæуырдæм. ’ " ( ХУРЫСКАСТ Сæумæрайсом дыууæ барæджы фæцæуынц Дзомагъ- гомы. Сæ бæхтæ нарæг фæндагыл, хъæддых фаддзу^ йæ, размæ тындзынц!.. Рæстæгæй-рæстæгмæ хайуантæ сæ сæртæг хуыррыттæй сатæг уæлдæф адзæнгæл кæ- нынц. Бонрæфты сын, æвæццæгæн, сæ уасын дæр х1>уС не ’рЦахсид. Уæд, сæрды тæмæны, цъититæ æмæ зæй- тæ тайæны, комы дон раивылы, аргъæутты уæйыг’ау; фæлдахы, æууæрды дуртæ, абухы нарæг фæзилæнты. Йæ урс ссыртæй зыд лæбурд фæкæны йæ алварс айнæг къæдзæхтæм, йæ дзыхыдзаг сæ ратоны æмæ ’ та дард- дæр бырсы. Йæ нæрын’æй; хъустæ къуырма кæны.1"'''' 47
Гъе, фæлæ ацы æнæрцæф фурд дысон-бонмæ æр- бадт, æрулæфыд æмæ ныр, хæххон иукъахвæндæгтыл, сæгуытау, чи цæуы, уыцы бæхтæн сæ цæфхæдты рит- мжон къæрцц-къæрцц дæр дзæбæх хъуысы. Раззаг барæг йе ’фсургъ чысыл фæурæдта, йæ уæхс- чы сæрты йе ’мбалмæ ракаст. Йæ тæнæг урс нымæтху- ды кæрон ын йæ бæзджын сау æрфгуыты сæрмæ ирд- ,гæ фæтасын кодта, — Гæбила, дæ хорзæхæй, Дзомагъгомы ма, дæуæй дзрддæр, фронтæй чи æрцыд, ахæмтæ иу цал лæджы ис? Уымæн йæ цъæх цæстытæ ферттывтой, йæ цыбыр, бур рйхитæ йе ставд æнгуылдзтæй алæгъз кодта: — Иу цасдæр сты. Æмæ уымæй дæр мæ хуызæн цæ, фæлæ хæтæнты æмæ цæуæнты уадтымыгъты сæ базырты систæй, фæринк æхсаргардау, чи фæфаста, ахæм цæргæстæ. — Гъе, гъе, æфсымæр, дæхæдæг дæр та Бурхохы - цъуппæй уæлдæр хтахтæ, дæ комбæстæй~ æппæлгæйæ,— фæхудти Алыксандр йæ чысыл сау рихийы бынæй æмæ йæ бæхы фæцагайдта: — Абон кæд куысты нæ уаиккой æмæ семæ бæстон баныхас кæниккам, — цæугæ-цæуын сдзырдта, стæй та фæстæмæ фæкаст: — Цымæ сæ гæрзтæ никæмæ ис? — Æртæмæ дзы австриаг къæрæбинтæ федтон, раст мæуоны хуызæттæ. Иннæтæ дæр афтидармæй кæм æрцы- даиккой хæсты.быдырæй, — дзуапп радта Гæбила, — уæв- гэе, иу цалдæрæн та дзы сæ хотыхтæ меньшевикты пос- тытæ Гуры байстой. > — Фæлæу-ма, ды, æнхъæл дæн, пулеметчик куы уыд- тæ? *'..—Æмæ ома къæрæбины бæсты пулемет цæуылнæ æрадстрн? —йæ мидбыл.бахудт Гæбила. — Нæ! Уымæн дæ фæрсын, — йæхсау æрфгуытæ фелт хынцъ кодта Алыксандр, — æмæ хъуамæ зонæм, пуле-
метчиктæнæм цал ис. Æниу нæм бæргæ куы уаид. уы- ды диссаджы хотых дæр. • - — Æцæгдæр тынг тæссаг хотых у. Фаг гилдзыти- доæ, зæгъгæ, сæрæн пулеметчик æнæхъæн батальоны раз аив.ран хæцæнуат æркодта, уæд дæ гуырæй райгæ у! — Зæгъæм, дæлæ комы нарæджы бурнымæтджынты раз æрбадтæ? —хин æмæ йæм сæрыстыр каст æрбакод- та Алыксандр. — Æмæ, гъа! Ацу æмæ раздæр дæхицæй æппæл, — фефсæрмы Гæбила. Цæуынц дарддæр. Писиуадзæг наз æмæ нæзы хъæ- ды æвдадзы хос уæлдæф бæлццæттыл базыртæ садзы. Афтæ сæм зыны, цыма сæ хæххон тæлтæг бæхтæ не скъæфынц, фæлæ сæхæдæг, æхсæв фыны куыд вæй- йыт афтæ ленк кæнынц арвы хъæбысы. - Бахæццæ сты, Сомихгомы æрра дон, уынгæг айнæг- вæрсты астæу, æхсыры хуызæнæй, æвзист пуртитæй кæм æхсиды, уырдæм. Алыксандр та цæхгæр йæ бæхы рохтæ æрбалвæста; — Кæс-ма, кæс! Уæлæ цы хæзна ис, уæлæ, — йæ ех* сæй донгуырæнмæ ацамыдта, — ууыл электростанц скæн, уæд æгас Ирыстонæн æхсæй дæр бон уаид. — Бæргæ, фæлæ кæд æрцæудзæн ахæм рæстæг?— арф ныуулæфыд Гæбила. —- Æрцæудзæн, æрцæудзæн; Ау, стыр Уырысы рево- люци Кавказы хæхтæм ма ранхъæвза, уый гæнæн нæй, — сдзырдта Алыксандр æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: —Уæдæ адæмы бынаты баййафдзыстæм, æрæмбырд уы- дзысты? — Хуыцаубон у æмæ хъуамæ бынаты уой. Уæвгæ дзы исчитæ мæхъийæгтæ кæнынмæ дæр уыдзæн. Æм- бырд сараздзыстæм Фæзы Дзомагъы, — загъта Гæбила. Нырма дзæбæх хъуысы донбыл лыстæг хуырыл цæфхæдты къыбар-къыбур иугъæдонæй, æмæ сæууон -мæргъты цъыбар-цыбур. Уæртæ дон комы фæтæны цалдæр къадайыл кæм фæ- 4* 49
дихтæ, уым, куырæйтты фале, иу зæронд лæгæн йе «рчъитæ йæ уæхскыл рифтаг æвæрд, афтæмæй чысыл сæныччыты къорд скъæры. Хъуамæ сæ дондæнæджы æрбахизын кæна æмæ йын нæ комынц. Æрбаздахы сæ, фæлæ йын хъал, фыдуаг сæныччытæ алырдæм ахъыл- дымтæ кæнынц. Зæрондæн сæ фæдыл атындзын уый бæрц йæ бон нæу æмæ йæ мæсты хъæр райхъуысы: — Æ, бирæгъты амæттаг фæуат, кæд сымах фос нæ, фæлæ хæйрæджытæ- стут! — Æмæ та сæ фæдыл, гæ- бæцц-гæбæццгæнгæ, фæцæйуайы. Алыксандр æм исдуг æдзынæг каст, стæй йæ бæхæй æргæпп ласта. Йæ идон ын йе ’мбалмæ авæрдта. — Фæлæу-ма! Дæхицæй та кæстаер ма акæн, æз æм фæкæсдзынæн, — фæтыхст Гæбила. Фæлæ Алыксандр уæдмæ къадайы был февзæрд. Йæ дзабыртæ фелвæс- та, йæ хæлафы къæхтæ бæрзонд стылдта æмæ доны фалейæ февзæрд. Фæрв къутæрæй даргъ уис расаста, сæныччыты фалейы фæци, йæ разæй сæ æрбассывта. Уæдмæ йæ зæронд лæг дæр баййæфта. 'Дыууæйæ сыл «сгазгаз кодтой æмæ æгæнон сæныччытæ уайтагъд дон- дæнæджы иннæ фарсмæ багæппытæ кодтой. Дыууæ цыргъсыкъа, урс цæуаджы сæ фæстаг къæх- тыл алæууыдысты æмæ кæрæдзи нырриуыгътой, стæй хъæуырдæм, зултæ-мултæгæнгæ, акафыдысты, сæ фæ- дыл — сау гуымыдза сæныкк, йæ даргъ хъусцæджытæ тилгæ. Алыксандр сæм æхцон цæстæнгасæй каст, стæй йæ дзабыртæ кæныныл фæци. Хъæумæ бахæццæ сты. Зæронд лæг сæныччыты кæрт- мæ баздæхта. Йæ урсхæццæ боцъойыл йæ арм æрсæрф- та æмæ уазæджы размæ раздæхт. Гæбила дæр сæ цур- мæ æрбацыд æмæ сдзырдта: — Дæ райсом хорз, Уæсмæн!' Лæг æм æввахсдæр бакаст: (—0, уый Дзугайы фырт куы дæ, дæ рынтæ ахæ- рон4. Æгас цу, æгас! Фæлæ де ’мбал чи у, дё ’мбал? Кæй лæппу у ацы уæздан гуырд? 50
— Уый Дзадтиаты Алыксандр у. Хорз уæлыгæс дзы нæ рауаид, куы нæм ныллæууид; уæд?.. Уæсмæны мидбылхудт гæзæмæ фæзынд йæ хъуын- джын былтыл æмæ уазæгмæ йе стыр арм бадардта. — О, дæ рынтæ ахæрон, уæдæ ды Тедоты ахуыр лæппу куы дæ, Тедоты! Мæ фыдуаг сæныччыты фæ-« дыл бæгъæмвадæй сæурайсомы уазалы.;. Фæлтау. мæ мардæн куы бахъуыдаиккой. Фæлæ йæ Алыксандр нæ фехъуыста. Уый нымдзаст, ’бæрзонд хохы фæсдзæгатæй хуры судзгæ цалх цадæг- гай куыд сцæйтылди, уымæ. Уæсмæн ын йæ цонгмæ бавнæлдта: — Фарн дæм бадзурæд, Дзадтиайы фырт, фæлæ, дам, кæддæр, раджы заманы, арс æмæ лæг схæснаг кодтой: хурыскаст, зæгъ, нæ раздæр чи фена, уый фæуæд хæд- цæргæ цард. Гъе, æмæ лæг, мæнæ дæуау, каст хурыс- кæсæнмæ, арс та хурныгуылæнмæ. Кæй зæгъын æй хъæ- уы, хурныгуылæныл сæууон хуры тынтæ раздæр сæм: бæлынц. Ныр ’дæр ма скæс’ уæлæ Бурхохмæ — сырх сæр- дасæцдзæф раджы фæци. Афтæмæй хæдцæргæ цард ар- сы фæци. Лæг та йæ амæлæты бонмæ йæ хидвæллойæ цæры. — Нæ, Уæсмæн,[— сдзырдта Алыксандр, — уый арс нæ, фæлæ паддзах æмæ кусæг лæг „уыдаиккой. Пад- дзæхтæ æмæ æлдæрттæ æввонгæй бухъ цард уымæн кæнынц: хурыскаст сæ фæлывд, сæ мæнгард митæй сæ: хи бакодтой. Ныр æй адæм хорз бамбæрстой æмæ хуры- скаст никæмæнуал ратдзысты. Уæдмæ хæдзары тыргъæй иу чысыл лæппу рахъæр кодта: ..— Дада, фæрæт кæм ис, мæнæ суг æрсæттæм. — 0, о, дадайы хур, зæгъ æмæ мæнæ уазджытæн исты ацæттæ кæнут. Фæрæт дæ разы—къуыдыры сагъд. Дысон сæцыччытæ æттæ куы баззадысты, уæд æй æр- сагътон. — Уый та цæмæн? — афарста. йæ Алыксандр цымы- дисæй. : 51
>. — Уæд, дам, бирæгъа^н йæ дзых схæлиу кæнын нæ фæкомы, дæ рынтæ ахæрон. Гæбила ’йæм йæ цъæх цæстытæ базылдта. — Чи зоны, Уæсмæн, нæ. фæрæттæ, уæд иууылдæр къуыдырты куы ныссадзиккам, уæд не ’фхæрджытæн дæр сæ кæрæф дзыхтæ бандæдзиккой æмæ мæгуыр адæммæ нал къæпп кæниккой. — Æгонгæй, мæ фыды хай, уыдон ныхмæ фæрæттæ садзын нæ, фæлæ фæрсыссад кæнын хъæуы. Иу рари- уыгъдæн сын сæ нард бæрзæйтæ куыд дзæнгæл кæной, — дзуры Алыксандр. — Æгъгъæд сын фæуæд хæдцæргæ цард. Ныр та мах хъуамæ уа хурыскаст. КÆСТÆРИУÆГ Ныр цалæм хатт асагъæс кодта Лади, сахаты размæ, фæндагыл цы зæронд лæгыл фембæлд, уый, ныхасыл: „Саджы цæсты дæр ма сау стъæлф вæййы", зæгъгæ, йын цæмæн загъта, ууыл. „Цæмæй нæ сарæхстæн, цы ’гъдауæй мыл фæхудт уыцы Уастырджийы хуызæн барæджы зæрдæ?" — Сæрæй-кæронмæ та йæ мид-зæрдæ- йы ахæтыд сæ фембæлдыл... Хъуыддаг рауад бынтон хуымæтæг. Лади дидинæдж- джын фæзы кæронмæ æрбахæццæ. Кæсы æмæ мидæ- гæй, хæхты ’рдыгæй разынд иу барæг. Кæрæдзимæ æввахсæй-æввахсдæр кæнынц. Уæртæ схъæлбæрзæй урс бæхыл бады хæрзвидыц барæг. Йæ сæрыл — хъæд- дых æууæрст цъæх нымæтхуд. Йæ аив уæнгтыл, джип- йы уагъдау, æнгом бады донгъуыз цухъхъа. Уæлдай уындджын дæр æй кодта йæ фæтæн урс зачъе. Йæ сæр-иу хæрз чысыл куы фæгуыбыр кодта, уæд-иу уыцы зæлдаг зачъейы кæрон аныдзæвд йæ урс-урсид пылыстæг бæрцыты сæрыл. I Барджытæ æххæст кæрæдзимæ нæма æрбахæццæ сты, афтæ фæзырдæм сæ бæхтæ фæзылдтой, салам радтой сæ кæрæдзийæн сæры фæтылдæй. 52
Лади уайтагъд æргæпп ласта. Иæ бæхы æхтæнгтæ бауæгъд кодта, йæ идон ын’йæ къахмæ абаста æмæ йæ ауагъта. Зæронд лæг дæр уæдмæ йæ бæхæй æрхызт æмæ æхтæнгтимæ архайдта. — Бахатыр кæн, мæ фыды хай, мæ бар æй бауадз, — зæгъгæ, фæкодта лæппу... Идоны кæрон баехы къах- мæ æрбæттынмæ куы æрæвнæлдта, уæд æм зæронд лæг сдзырдта. - — Нæ хъæуы, дæ рынтæ ахæрон! Йæ идон ын бын- тондæр рафтау æмæ йæ ауадз. — Стæй йæ цухъхъайы фæччи азылдта æмæ йæ таргъуыз куырæты дзыппæй систа йæ саубын лулæ. Тамако дзы æрнадта. Лади спич- кæ ацагъта æмæ йæ лулæйы къусгондмæ ныддардта. — Бузныг, де знаг дын балæггад кæнæд, мæ хур, —.загъта лæг æмæ зæрдæбынæй с’дымдта. Йæ фæтæн фындзы бын йæ урс рихи кæм фæбурбын, ууылты ра- уагъта æгъуыз фæздæджы^ фæлгуыртæ æмæ, нæууы æрдæгсагъдæй цы хъуынафарс дур уыд, ууыл æрбадт. — Æрбад, мæ хур, æрбад! Цæмæн лæууыс! — за ъта зæронд лæг æмæ, æвзонджы цæхæр кæм нæма ахуыс- сыд, уыцы цæстытæй скаст Ладимæ, стæй йæ афарста: — Кæй лæппу дæ, кæ, дæ рынтæ ахæрон? — Калманты Афæхъойы лæппу — Лади! — 0, Афæхъо лæгау-лæгæй базæронд! Зæгъ-иу ын, зæронд Хъарадзау, зæгъ, дын салæмттæ æрвыста. Ей, Афæхъоимæ бирæ хæтæнты ахæтыдыстæм, — фæци та йæ- ныхас Хъарадзау æмæ йæм ногæй бахатыд: — Сбад, цы ’фсæрмы кæныс? — Ницы кæны. Æз уæртæ бæхтæм акæсон, науæд сæ мыййаг исчи æдсаргъ куы стула, — загъта лæппу æмæ фæцæуæг, цæугæ-цæуын хаттæй-хатт урссæр дидинæг стоны æмæ йæм басмуды. Цасдæр рæстæджы фæстæ Хъарадзау сыстад. Йæ лулæйы къусгонд йæ хистæр æнгуылдзы ныхыл æрхос- та, стæй йæ йæ куырæты дзыппы арæхстгай нывæрдта. Къухаууонæй акаст Ладийы ’рдæм. Уый йын уайтггъд 53
йæ бæх æрцахста, йе ’хтæнгтæ йын балвæста, æмæ йæм æй йæ барцæй æрбаласта, стæй фæстæмæ фездæхт. Æрцахста йæхи бæхы дæр; арæвдзытæ йæ кодта, абадти йыл æмæ уæртæ æрбацæуы. Хъарадзау æм æл- хынцъæрфыгæй бакаст, стæй йæ сæракдзабырджын къах æгъдæнцоймæ бахаста æмæ æвзонг лæппуйы гæпп скодта саргъмæ. Дыууæ барæджы фæцæуынц фæрсæй-фæрстæм,- æнæдзургæйæ. Схызтысты фæндагмæ. Лади йæм бакаст": — Цæй, хорзыл амбæл, мæ фыды хай! Бахатыр кæн, кæд исты... . — Ницы кæны, нæ, мæ хур! Саджы цæсты дæр ма сау стъæлф вæййы, —сдзырдта хистæр æмæ йæ аласайы цæхгæр фæзылдта. Барджытæ фæйнаердæм араст сты: сæ иу —тыгъд быдырмæ, икнæ —урссæр хæхтæм. ... Гъе, æмæ ныр Лади цæугæ кæны, фæлæ сагъæсы бахауд, алы хъуыдытæ кæны, фæлæ йæ зонд нæ ахсы. „Саджы цæсты дæр ма сау стъæлф вæййы", зæгъгæ, йын цæмæн загъта уыцы урсбоцъо зæронд лæг? Йæ сау цæстытæ æрцъынд кæны, ногæй та арф хъуыдыты аныгъуылы, фæлæ нæй, ницы йын æмбары... Æваст йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта, йæ сау æрф- гуытæ фелхынцъ сты, йæ цæстытæ ферттывтой æмæ, искæимæ дзурæгау, афтæ бакодта: — Фæлтау куы амардаин... Æвæццæгæн, нырма. дард нæ ацыдаид.... Йæ бæх фæстæмæ фæзылдта. Йæ зæнгтæй йын йæ фæрстæ фелхъывта æмæ æнæнкъусгæ асирдта. Скъæры, тындзы, йæ цæстæнгас размæ сарæзта, афтæмæй. Цъус ауад, æви бирæ, фæлæ суыдта зæронд барæджы. Æввахсæй-æввахсдæр æм кæны. Дзæбæх зынынц йæ чъы- рыны къулы хуызæн фæсонтæ. Йæ урс æфсургъ æйтт- МДрдзæ фаддзу кæны. Хатт ын барæджы иувæрсты йе ’схъæл бæрзæй ауыны. . * ’, Æрæййæфта йæ. Йæ галиу фæрсты цæуы. Зæронд ^æг æм фæрсæджы каст бакодта: 54
—.Уый ды куы д’æ, Лади! — Мæ зæронд фыды хо Хъорнисы цæры æмæ йæ ’куынæ абæрæг кæнон, уæд... —йæ саргъы раззаг гопмæ æдзынæг ныккæсгæйæ сдзырдта æвзонг барæг. Хъарадзау йæ урс рихийы бын цыдæр сусæг мид- Зылхудт бакодта æмæ афтæ: — Уый хорз у, мæ хур! Зæрæдты рох кæнын нæ хъæуы, æндæра зæронд хæцгæ низ у. . * * * 1 Æризæрмилтæ. Барджытæ æрхæццæ сты Цъыфджы- ны стыр фæзмæ. Фыдæй нырмæ-иу хæххон барджытæ æхсæв ам хызтой сæ бæхтæ. Фæзы чысыл куы бауадыс- ты, уæд Лади йæ бæхæй æрсæррæтт кодта, идон ын йæ рэззаг къахмæ абаста, стæй йе ’мбæлццонмæ батын- дзыдта. Февнæлдта йын йæ’ бæхы рохмæ йæ иу къухæй, иннæмæй та галиу æгъдæнцойыл ныххæцыд. Лæг æр- хызт: . ^ — Бузныг, мæ хур! Де знаг дын балæггад кæнæд. Лади рифтæгтæ нæумæ æриста. Нахæтбос айхæлд- " та æмæ сын хъæбæртыхт уæйлаг нымæт дæр сæ цуры æрæвæрдта. Бæхы æхтæнгтæ бауæгъд кодта, йæ идон ын рафтыдта æмæ йæ ауагъта, стæй йæхи бæхмæ фæ- раст. . Хъарадзау та йæ лулæимæ архайын райдыдта. Фæстæдæр Лади бæхты сæргътæ систа. Йæхионæн йæ къæхтыл сахсæн сæвæрдта. Нымæттæй иу райхæлд- та, цъæх нæууыл æй айтыгъта, йæ нывæрзæн ын сæргъ- ты дыууæ базы дæр æрæвæрдта æмæ Хъарадзаумæ ныллæг хъæлæсæй бадзырдта:, — Сбад, дæ хорзæхæй. — Ныртæккæ, мæ хур. Фæлæ ма дæ разы мæ рахиз рифтаджы ком сыхал. Нæ зæронд æфсин дзы кæд исты нывæрдта, уæд æхсæвæр бахæрæм. Лади уал цæрдæг^февнæлдта йæхи рифтæгтæм æмæ 55
дзы систа фæлмæн торнейыконд . дзултæ æмæ рагрæ- гъæд кæрдотæ. Стæй уæд хистæры рифтаг дæр рай- хæлдта. Систа дзы бурачъифых хъæбæр кæрдзынтйе, егъау цыхты къæртт æмæ чысыл урс авджыдзаг арахъ* мыдгъуыз, уæрæхком сыкъаимæ. Зæронд лæг та йæ лулæйы æртхутæг æрцагъта. Йæ дзыппы йæ нывæрдта, йæ фæтæн зачъейыл йæ арм æрхаста æмæ афтæ: — Сбад, сбад, дæ рынтæ ахæрон, ды дæр! — Бузныг, ницы мын у, —- зæгъгæ, фæкодта Лади æмæ авгæй сыкъамæ арахъы хъæлхъæл райхъуыст. Авæрдта йæ хистæрмæ. — Уастырджы, фæндаггон лаегæн æххуысгæнæг дæ æмæ мах дæр де уазæг бакæн, —фæци йæ куывд Хъа-1 радзау æмæ сыкъа лæууæгмæ-авæрдта. Уый йæ гæзæмæ йæ дзыхмæ схаста, стæй йæм авджы хъуыр куыд æрцæй- дардта, афтæ йæ хистæр фæурæдта: — Нæ^ нæ! Иу дзы аназ, иу, мæ хур! — Бузныг, никуы баназын. — Ау! Аходгæ дзы уæддæр скæн! Лæппу дзы схуыпп кодта. Æвиппайды ферхæцыд, йæ цæссыг’ акалд. Фырæфсæрмæй цы фæуыдаид, уымæн ницыуал зыдта. — Хæлар дын уæд, хæлар, дæ мады ’хсырау. Уый æцæг куынæ нуазыс, æцæг, — сдзырдта лæг æмæ та сыкъа райста. Цалдæр ныхасы ма загъта æмæ йæ аныз- та. Лади ногæй æркæнынмæ хъавыд, фæлæ йæ Хъара- дзау фæурæдта: — Æгъгъæд, мæ хур, æгъгъæд! Уæд та мыл фæнда- гыл хуыцауы уазæг амбæлд. Сбад æмæ дæ арммæ- исты сис. Хæрынц æхсæвæр. Лади къæзгæ æвналы. Зæронд лæг фæлмæн дзулы къæбæр систа æмæ лæппумæ ба- каст: — Диссаджы фæлмæн дзул! 56
Гыццыл ма бахъæуа срæтигъа, зæгъгæ, мын сæ знон мæ ’фыды хо нывæрдта, фæлæ йæхи фæурæдта, асырх„ ^фтæмæй. Зæронд лæджы цæстыты фæзынд сусæг хик мидбылхудты цæхæр... * * * Бонырдæм. Мæйрухс афтæ тæмæн каст ныккодта æмæ æртæх цъæх кæрдæджы сыфыл куыд æмбырд кодта, уый дæр зынди. Дард кæцæйдæр фæцыд бæхы хуыррытт. Хъарадзау фехъал, рабадт. Кæсы: йе ’мбæлц- цон, æвæццæгæн, суазал æмæ йæ нымæтыл стымбылтæ, афтæмæй фынæй кæны. Зæронд лæг йæ куырæты æгънæджытæ сæвæрдта, сыстад, йæ цухъхъа æрбакодта^ йæ сауарæзт хъама размæ æрбазылдта, йæ рон æрба- баста, стæй йæ нымæт систа æмæ йæ хæрз арæхст- гай лæппуйыл æрæвæрдта: „Гъм... тæлтæг лæппуйы зонд,.. цы сæрæн раздæхт фæстæмæ?.." Стæй, йæ дзып- .. пæй йæ лулæ исгæ, æнæкъæрццæй æртæхгæрдæгыл араст бæхтырдæм, Бон дзирдзур райдыдта, афтæ фехъал Лади дæр. Йæ нымæт иуæрдæм фехста йæ рæмбынкъæдзæй. Æвип- пайды йæ хуыссæны фæбадæг. Йæ цæстытæ аууæрста. Акæстытæ кодта. Уæртæ Хъарадзау бæхты фалейæ лæууы, йæ лулæ йæ дзыхы, афтæмæй. „Æтт, мæ мæлæт та куыд уыди, гъе!и—загъта искæимæ дзурæгау. Уайтагъд йæхи арæвдз кодта æмæ зæронды срдæм фæцæуæг: — Бахатыр кæн, мæ фыды хай, æз æгæр афынæй дæн. Хъарадзау æм уарзон фыды цæстæй бакаст: — Ницы кæны, мæ хур. Цæуæм, æндæра... Лади уайтагъд хистæры бæх йæ бецыккæй се ’хсæв- уатмæ бадавта æмæ йæ ифтындзынмæ фæци. — Хорз, хорз, дæ рынтæ ахæрон! Уый ныр мæхи бар 57
уадз, мæнæ дæхионмæ æркæс, — загъта Хъарадзау æмæ йæ уæйлаг нымæт тухынмæ æрывнæлдта, стæй йæ нахæтбосæй алвæста. , . Лади хæцы хистæры бæхы рохыл, иннæ къухæй та—- æгъдæнцойыл: — Сбад, дæ хорзæхæй! Стæй йæхи бæхы дæр арæвдз ко’дта, уæдæ цы! Фæцæуынц та дыууæ барæджы. Фæзæй фæндагмæ куы схызтысты, уæд Лади афтæ бакодта: -^-Бахатыр кæн, мæнæн мæнæ быдырты æнцондæр бауайæн у мæ фыды хомæ... — Хорз, хорз, дæ рынтæ ахæрон. Фæндараст фæу. Дæ лæггад, дæ кæстæриуæг бирæ. Афæхъойæн-иу мæ номæй — салæмттæ, — сдзырдта Хъарадзау æмæ араст. Чыс’ыл куы ауад, уæд йæ уæхсчыты сæрты ракаст: уæртæ Лади фæстæмæ, хохырдæм фескъæры. Зæронд -фæлмæн, æхсызгон худт бакодта: „О, кæй дæ, уымæн байрæзай, кæд куыд худæджы лæппу дæ! Фыццаг фембæлдæй мæ разæй сбадт бæхыл, æгъдæнцойыл мын нæ фæхæцыд æмæ уый тыххæй фæс- тæмæ раздæхт. Раййæфта мæ. Йе сгъдау бакæнынытых- хæй ма мæнг ныхас дæр æрымысыд, мæ фыды хомæ, дам.:. Нæ йын хъуыди фыццаг хатт саджы цæсты кой кæнын. Уæвгæ, ницы кæны! Уадз аемæ нæ кæстæр кæстæрæн бæзза", — мидбылхудгæ йæ сæр батылдта Хъарадзау æмæ йæ бæхмæ февзыста... 1961 ХУРЫ ЧЫЗГ (Чысыл ныв) Сæурайсом. Стъалытæ иугай-дыгай раджы бахорз сты. Дзæнхъирд арв йæ сыгъдæг, цъæх цæстытæц ду- немæ худы. 58
Дард, адæймаджы цæст кæдæм æххæссы, уым æгæ- рон денджыз ссыгъди. Раст дзы цыма сыгъзæрин дон ауагъдæуыд, уыйау зæрин фæйлауæн хæссы. Сырх- сырхид уылæн йæ тæнæг’базыртæ уæрæхæй-уæрæхдæр тауы нырма рæдзæ-мæдзæгæнæг æрдзыл. Рæстæгæй- , рæстæгмæ денджызы чысыл, сусæг фæцæлхъæй лыс- тæг æвзист пуртитæ фесхъиуы, фæлмæн мидбылфæ- худтау сæ цæст ацахсы. Бон йæ тыхы цæуын райдыдта. Сæрдыгон хуры - тынтæ æгас денджызы сæ хъарм хъæбысы æрбатыхтои. Бæстæ — сабыр, иунæг уддзæф ничердыгæй змæлы. ...Мæнæ денджызы был лыстæг хуырыл цы хинайæг адæм æрривæд, уыдон сæ рæмбынкъæдзтыл рабадтыс- ты æмæ се ’ппæт дæр иу ранмæ нымдзаст сты... Урс дзæнхъадуры сæрыл лæууы . бæрзондгомау, æвзонг чызг. Йæ пух, сæуæхсидсæры хилтæ йæ лæгъз, æм- дымбыл уæнтыл, хуры тынтау, уæгъдæй æркалдысты. Йæ чысыл къуыбыр риутæ сæ зынггъуыз ахстæтты — æнгом æлвæст. Йæ джиппыуагъд æрхуыгъуыз зæнгтæ, хæххон сæгуыты зæнгтау — хæрзвидыц, сæ дурнад хæцъæфтæ хаттæй-хатт сæхимидæг базмæлынц. Лæууы ацы зæххбн зæд æнцад, æнæзмæлгæ. Йæ даргъ цæсты хаутæ кæрæдзимæ æрцъынд кодта æмæ сæ мидæгæй цы стъалытæ судзы, уыдон нæ зынынц, стæй та "сæ-байгом кодта. Йæ дыууæ цонджы, ^аццы базыртау, бæрзонд систа. Йæ армытъæпæнтæ тигъырдæм йæ лыстæг æрдын æрфгуыты сæрмæ сæвæрдта æмæ хурыскæсæнырдæм æдзынæг фæлгæсы. Лæгтæ иыр сæ рæмбынкъæдзтыл нал, фæлæ бынтон- дæр сыстадысты æмæ, хиндзыдау,- джихæй кæсынц. Сылгоймæгтæ исдугмæ сæ хуыссæн бынæттæй нæ фез- мæлыдысты, стæй сæ бырынчъытæ æнæввæрсон къуырд акодтой æмæ иннæрдæм азылдысты. Денджыз бынтон ныссабыр. Йæ улæнты гæзæмæ фæцæллахъхъæн’ дæр уайтагъд сæ дзых ахгæны æмæ кæсы, хуры тынты хъæбысы, бæрзонд арты æвзагау, чи судзы, уыцы чызгмæ, сиды йæм йæ фæлмæн риумæ. 59-
Уалынмæ чызг йæ базыр-къухтæ хæрдаив размæ фæтынг кодта. Йæ нарæг астæуæй уæлæмæ йæ буары хæцъæфтæ схъазыдысты, йæхи чысыл фæныллæг кодта æмæ тымбылцъæгæй денджызы йæ цæлхъ фæцыд, йæ дзыккуты сырх тæмæн, тæхгæ зæдау, йемæ аскъæфта..; ЗЫНАРГЪ УАЗÆГ Изæрырдæм рахæццæ стæм Дзомагъгомы баздæхæн- мæ. Æз бадтæн мæ фыды æфсымæр Гæбилайы фæсарц, Йæ фæтæн фæсонтыл ауыгъд уыд, тæккæ ауалдзæджы хæстæй куы æрыздæхт, уæд цы къæрæбин æрхаста^ уый, Хаттæй-хатт ын йæ сампалы уазал æфсæйнагыл мæ къух æрсæрфын арæхстгай. Уæлдай дзæбæхдæр мæм каст йæ сампалы стыр дыччыйы хуызæн тымбылыл мæ уырзтæ. æрзилын. Стæм’хатт мæ къахыл ауайы йе стыр сау хъамайы кæрддзæмы æвзист бырынкъ. Бæхы æрурæдта æмæ æз уайтагъд цъæх нæумæ ра- сæррæтт кодтон. Цæрдæг æргæпп ласта йæхæдæг дæр. Рифтæгтæ æриста. Йе ’фцæгæй систа йæ къæрæбин стæй бæхы æхтæнгтæ бауæгъд кодта, йæ идоны къæ- бæлтæ йын рафтыдта æмæ сдзырдта: — Марадз, мæ хур, чысыл уал æй аралас-балас кæн, науæд схид æмæ... Райстон фæлмæн гæрз рохтæ. Бæхы ралас-балас райдыдтон. Уый рæстæгæй-рæстæгмæ ныххуыррытт, кæны, сæрддон хъарм уæлдæф мæ бæрзæймæ æрба- суры, йæ чысыл рæсугъд сæр ныттилы. Æз йæ разæй цæрдæгдæр къахдзæфтæ акæнын. Гæбила уæдмæ уæлвæндаг хъæды дзыхмæ амбырд кодта хус сугтæ, стæй мæм йæ къух фæтылдта, ар- дæм æй ралас, зæгъгæ. Сугты цурмæ куы ’рхæццæ дæн> уæд Гæбила æфтаугæйы урс нымæты бын йæ къух атъыста: — Хорз, йæ хид æрысыст! Стæй æхтæнгтæ бынтон суа^ъта æмæ саргъ систа. Бæхы къахмæ идоны кæрон абаста æмæ йæ ауагъта: 60
— Мерс кæн, Цъæхой, ацы фæлмæн кæрдæгыл! Уый ма иу хуыррытт фæкодта, йæ сæр банкъуыста æмæ хизгæ-хизгæ азылди. . ’ Гæбила лыстæг хус суджы къæцæлтæ æрбакъæрццы- тæ кодта æмæ сæ егъау хъуынаварс дуры хъæбысы •æрывæрдта, стæй сыл арт бандзæрста. Сырх æвзæгтæ уайтагъд дуры фарсыл стахтысты æмæ йын йæ хус хъуынатæ астæрдтой. : Хуры сыгъзæрин пæлæз хæхты бæрзæндæй алæбырд, бынтондæр æрбаизæргъуыз. Æз афарстон: — О, æмæ ахсæв ам уыдзыстæм, æви?.. — Бæрæг нæу, мæ хур, нæ уазæг кæд æрбазына, уæд... 4;, Мæнæн мæ зæрдыл æрбалæууыд хъæуæй рацæуыны агъоммæ дадайы зæрдиаг фæдзæхст: — Хæринæгтæ уемæ айсут. Цырд уæ хъус дарут йе ’рбацыдмæ, ма . фæивгъуыйут кæрæдзийæ. Нæ комы фæндаг æвзæр у, дзæбæх æй æрбахæццæ кæнут. Уæдмæ æрталынг. Фæлæ мæйрухс нæ сæрмæ хохы фарсыл цъæх-цъæхид наз æмæ нæзы хъæды уæздан хихтыл дæлæмæ-дæл»мæ йæ урс пæлæз таугæ æрцæй- дыд. Доны уынæрæй дарддæр иунæг зæл никуыцæй хъуыст. Æвзисткъух мæй æрхæццæ махмæ дæр, Фæз ныррухс. Не стыр цъæх бæх нæ цурты хизгæ æрба- зылд, рифтæгтæм басмыста, афтæ тынг та ныххуыррытт кодта, уæлдæф афтæ æрбасырдта, æмæ арты сырх æв- заг иннæрдæм фæкъæдз. Уалынмæ нæ хъустыл ауад бæхты къæхты хъæр. Фæкастыстæм фæндагмæ: дæлæ æртæ барæджы — фæд-фæдыл. Нæ арты рухс куы ауыдтой, уæд раззаг &мæ фæстаг барæг æргæппытæ кодтой. Сæ иу иннæмæ йæ бæх авæрдта æмæ махæрдæм фæраст. Йæ размае •атындзыдта Гæбила дæр. Кæрæдзи къухтæ райстой, стæй фæстæмæ фездæхтысты. Гæбила астæуккаг барæ- гæн йе ’гъдæнцойыл фæхæцыд. Уый куы ’рхызти,^уæд йæ дыууæ къухæй Гæбилайы къух нылхъывта. Чысыл 61
фæстæдæр ын йе ’мбæлццæттæ хæрзæхсæв загътой, йæ бæх ынсæ разæй акодтой æмæ уайтагъд фæстæмæ фæцæуæг сты. Уазæг æмæ Гæбила æрбацыдысты арты цурмæ.Уа- зæг мæм йæ къух фæдардта: — Салам, лæггаг! Æз дæр æм æфсæрмдзæстæй мæ къух авæрдтон* Æппæты фыццаг мæ цæстытыл ауадысты йе стыр тар, мыдгъуыз боцъотæ. Арты цырен рухс сыл, сæуæхсиды тагау, ахъазыд. Йæ сæрыл- уыд кепкæ худ, йæ галиу цонгыл — цахæмдæр цъæхбын пæлæз. Гæбила йын æй раййта æмæ йын нымæтмæ ацамыдта: — Дæ хорзæхæй! Уый цадæггай йæхи æруагъта, арт бадзæбæх кодта æмæ афтæ: — Цæй, уæд та цæуæм! — Ныртæккæ цæудзыстæм, — зæгъгæ, фæкодта Гæ- била æмæ рифтæгтæ æрбайста, сæ ком сын хæлдта! Уазæг ын йæ къухмæ бавнæлдта: ■ -^ Бузныг! Нæ хъæуы, Цæуæм... Дыууæ лæджы дæр сыстадысты. Æз азгъордтон. Æрбаластон бæх. Гæбила йæ уайтагъд саргъæй, идонæй арæвдз кодта, къæрæбин йе ’фцæджы афтыдта, идон бæлы сæрмæ баппæрста, йæ иу цонгæй æгъдæнцоймæ февнæлдта æмæ уазæгмæ бадзырдта: — Сбад, дæ хорзæхæй! —^Нæ, Дзауæй ардæм бæхæй нæ рахызтæн æмæ мæм фистæгæй ауайын æнцондæр кæсы. — Марадз, уæдæ, ды, лæнпу! — фæдзырдта Гæби- ла æмæ æз уайтагъд саргъыл февзæрдтæн. — Гъо, ай джигит куы у, джигит, — бахудт уазæг æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Бæхыл уазал у, гъа, мæнæ мæ пæлæз æрбакæн! -*- Нæ хъæуы, мæнæ уæд нымæт ам ас, — загъта Г&била. Цæуæм Дзомагъгомы, лæгтæ мæ разæй, æз бæхыл сæ 62
фæстæ. Цæлхыдзаг мæй афтæ тынг ныррухс кодтй , кæмттæ æмае, донгъуыдымты урс-урсид ’фынчытæ куыд ^атапиузтæ сты æмæ та-иу куыд атадысты, уый дæр зындис дзæбæх. Бæстæ иууыл ныхъхъус. Æгомыг тар хъæдæй иунæг уынæр нал хъуыст. Æрмæст сæрддой 4 бон изæрмæ цы хæххон дон раивылд æнусон цъититæй, уый æрæгмæ бадт йæ гаччы. Ныр дæр ма бæрзонд æр’- кæлæнтæй йæ загъд-замана хъуысы, йæ уазал, уымæл комы тæф цæсгомыл æмбæлы. Ахæм ран-иу уазæг фæ- лæууыд, æдзынæг-иу бакаст стыр донкъæсæртæм: — Цас тых сæфы дзæгъæлы, цас! Ам . рухсдæттæг станцæтæ сараз, уæд... — Ех^ кæд нæм æрхæццæ уыдзæн Уæрæсейы ре- волюци/—ныуулæфыд Гæбила, — æндæра уæд бæргæ... Уазæг цæхгæр фæлæууыд, йæ уæхскыл ын æрхæ- цыд, йæ сау цæстытæ ферттывтой: — Тагъд, тагъд, æфсымæр! Æрмæст ацы æлгъысты меньшевиктæ!.. Сæ бонтæ нымад сты, багъæц! — стæй афарста: — Фронтæй чи æрыздæхт, ахæм салдæттæ ма дæуы йедтæмæ бирæ ис уæ комы. — Иу цалдаер, фæлæ бирæ тых, бирæ рухс хъуыды- тæ æрхастой, — дзуапп радта Гæбила. Цæуæм дарддæр. Фæндаг æвзæрæй-æвзæрдæр кæ- ны. Бахæццæ стæмбæрзонд айнæг къæдзæхы сæр иу- къахвæндагмæ. Уазæг æрлæууыд: —Гæбила, лæппуйы рахизын кæн, кæннод уæд та бæх фæцудыдта... — Нæ, æз нæ тæрсын, — сæрыстырæй, æппæлæгау, æрдзырдтон уæлбæхæй . — Рахиз, къæбæда! Мæлæты лæг, — бæхы рохмæ февналгæйæ, загъта Гæбила æмæ æз рæбын æрдæм æргæпп кодтон. Идадзæй ласын бæхы. Лæгтæ ныхас- гæнгæ цæуынц. Уалынмæ æваст фæндаджы тæккæ уæл- вæндаг, къутæррæбын цыдæр сырд фезмæлыд. Хайуан ныххуыррытт кодта, фестъæлфыд æмæ йæ фæстаг æр- 6з
дæг фæдæлвæндаг. Æз ныцъцъæхахст кодтон. Фæлæ бæх йæ раззаг къæхты цæфхæдты къæпсытæ фæнда- джы хъæбæры афтæ фидар асагъта, æмæ ауыгъдæй яззад. Лæгтæ йæм фæлæбурдтой. Гæбила йын йæ къу- дийыл фæхæцыд, уазæг — йе ’гъдынцойыл. - \ — Етт, Цъæхой, — зæгъгæ, фæкодта Гæбила æмæ бæх йæхи, пуртиау, сыхста фæндагмæ. .— Ехх, ацы фыдвæндæгтæ, ацы! Цал мæгуыр лæ- джы бабын кодтат, цал, — йæ ныхы хид сæрфгæйæ, загъта Гæбила. — Мæнæ уал фæуæлахиз уæм, стæй ауылты бæх- вæндаг нæ, фæлæ уадæг дæр тæхдзæн æхситтгæнгæ,— сдзырдта уазæг æмæ та араст стæм. Бæрзонд наз бæлæстæ ёрф ныхъхъуыды кодтой. Цæуæм æгуыппæгæй. Ныр хæхтæм феввахсдæр стæм, æмæ нæм бæлвырддæрæй хъуысы рæубазыр æхсæр- дзæнты чырчыр. Мæйрухсмæ айнæг къæдзæхыл урс- урсидæй æрттивы, æвзист фæринкау. Фæндаджы ал- вæрсты, авдæнхъом сывæллонау, дыгъал-дыгъул кæнынц рæсуг суадæттæ. 1 . Чысыл куы бауадыстæм, уæд Гæбила йæ къæрæбин- мæ фæлæбурдта, уазæг дæр йæ дзыппæй фелвæста дамбаца æмæ ныллæг хъæлæсæй афарста: — Цы хабар у? — Уæртæ æрдæбоны сырд,-—дзуапп радта Гæбила æмæ сампалы уынæр райхъуыст, стæй фæхъавыд. Уазæг ын йæ къух дæлæмæ æрысхуыста. Гæрахæй ком ныннæрыд, фæлæ нæмыг бындзыд афардæг æмæ донгæрон дурыл ныцъцъыввытт кодта. Стыр сырх сы- чъи топпы хъæрмæ йе схъæл бæрзæй махырдæм фæ- ’зылдта, исдуг æдзынæг алæууыд, стæй йæ сæнт æхситт азæлыд æмæ хъæды арфмæ йæхи ныззыввытт кодта. Гæбила фæздæгдзых къæрæбины хъусæй хус гилдз рахста æмæ уазæгмæ мæсты мидбылхудт бакодта. ; Уый та йын йæ уæхск æрхоста: > — Æнæхъыг цæрæгой, æрдзы фидыц, куыд æй хъуамæ фехстаис?.. Тæригъæд нæу?! .64
Æз хæрзæввахс мæ къубал байвæзтон æмæ бакастæн, уазæджы къухы цы чысыл ливор уыд, уымæ. Уый мæ фæфиппайдта. - ^ — Ливор дæ хъæуы? Гъа, фен æй. Æрмæст æй комы- рдæм дар. Раистон æй. Мæ цинæн кæрон нал уыд. Йæ дæрзæг сау фистонуыд лыстæг уырынгтæ-уырынгтæ. Йæ дæргъ- æлвæст цалхы хуынчъытæй рæгъ-рæгъы зындысты йæ чысыл гилдзыты бур, тъæпæн сæртæ. — Дæ къух уæлæмæ сдар æмæ йын дæ амонæн æн- гуылдзæй йæ къах фелхъив,— загъта уазæг, мæ тæккæ цур лæугæйæ. Æз æй æрбалхъывтон æмæ йæ сæртæг къæрцц мæ хъусты иннæрдæм агæпп кодта. Фесхъиудтон. Хорзау нал фæдæн. — Афтæ, афтæ, мæ чысыл джигит. Ахуыр кæн, на- уæд меньшевикты куыд гæрах кæндзынæ,—загъта уа- зæг, мæ урс нымæтхуд мын йæ армæй æрсæрфта, йæ ливор нывæрдта æмæ та араст стæм дарддæр. * * * Æхсæвæрафон нæма уыд. Ирон стыр хæдзары, лæг- тырдыгæй, уæлæуæз, бадынц дыууæ мыдгъуыз къæ- лæтджыныл Гæбилайы фыд, зæронд, бурзачъе Дауыт æмæ нæ уазæг. Р^ст цыма дыууæ Уастырджыйы тæр- хоны æрбадтысты, уыйау — сæ бакаст, сæ фидыц. Дауытæп йæ фæтæн боцъоты кæрæттæ суанг йæ сауарæзт бæрцыты сæртыл ныдзæвдысты. Йæ сæр фæ- зилгæйæ, уазæджы тар мыдгъуыз боцъотæм куы фæ- комкоммæ вæййы, уæд йæхиуæтты йæ армы æрбатым- был кæны, цыма зæгъынмæ хъавы, зæгъгæ, адон дæр дæ уæттæй къаддæр не сты. Уалынмæ дуар цадæггай æрбайгом: Гæбила æмæ сæ лæппу егъаугомау æртыкъахыг фынгыл æрбахастой, уыцы уысм кæй æрбаргæвстой, ахæм урс фыркъайы мард. 5* 65
Уазæг æвиппайды фестад: — О, Гæбила, цьг ми бакодтай, дæ хорзæхæй! Æз Ирыстоны уазæг мыййаг куынæ дæн. Чысангомæй Дзау- мæ кæм нæ уыдтæн, ахæм хъæу мын куынæуал баз- зад, уæд цæмæн хъæуынц ахæм æфсæрмы митæ?.. — Уæууау, æз дын куыд амардтæн — дæуæй ахс- джиагдæр уазæг Дзомагъгоммæ куы никуыма æр- бахызт, уæд нын иу уæрыччы хъусæй уæлдай мæгуы- рæй тæрсыс, æви?! Æрбад, дæ хорзæхæй,—йæ дысыл ын æрхæцыд Дауыт. — Æмæйын гал дæр аргæвстаиккам, дада, фæлæ рæгъау дарæны сты æмæ...-—фыр стигъгæйæ, бадзырд- та Гæбила æмæ йæ мидбылты фæлмæн фæхудт. Уазæг сындæггай йæхи æруагъта къæлæтджыныл: — Цы зæгъон, гъа?! -Уазæгæн кад кæнын мæныл ’ уæхи нæ ахуыр кæнут. Уый ирон лæгæн фыдæй фæс- тæмæ йæ туджы баззад, хъæбатырдзинадау, уый дæр йæ мады æхсыримæ бададта, фæлæ мæнæн æхсызгон- дæр уыдаид хъæубæсты фæсивæдимæ аныхас кæнын, науæд мæ райсом раджы æфцæгыл ахизын хъæуы, — загъта’ уазæг æмæ Гæбиламæ дзуаппæнхъæл ракаст. — Ахсæв ницы амал ис, фæлæ райсом исты кæн- дзыстæм, тыхсгæ ма кæн. Уыцы хъуыддаг нын хъуыды- гонд у,—загъта Гæбила æмæ мæм бæрз уисыларæзт физонæг авæрдта æнæдзургæйæ, фыцгæ йæ кæн, ома, æмæ йæхæдæг агмæ дзидзатæ æфтауын райдыдта. Æф- син уæдмæ йæ уæлибыхтæ конд фæци æмæ æндæр цæуылдæрты къæбицæй хæдзармæ зилæнтæ кодта, цырагъ йæ къухы, афтæмæй. — Стыхсын уæ кодтон, мæ хойы хай,—- æфсæрм- дзæстыгæй загъта уазæг æмæ йæ бынаты базмæлыд. Уæдмæ Гæбила фынг æрæвæрдта хистæрты раз, йæ уæлæ уæлæнгай хъæдын тæбæгъы цæрвджын уæлибых- тæ æмæ чысыл хъулон гоцъобийы арахъ. 1 Уазæг дурыны цъæх фарсыл йæ уырзтæ æрхаста: - -^’Адон ам, уæхимæ аразут æви?.. 66
— Нæ, айразмæ мын æй мæ чемертаг натлиа Гогиа балæвар кодта, сæ кой ма дын куы кодтон,— загъта Гæбила æмæ мæ къухæй цъысцъысгæнаг физонæг айста, кардæй йæ æрысгæрста, стæй йæ хистæрмæбалæвæрдта, йæхæдæг дурын æмæ дыууæ урском сыкъайы систа. Сæ иумæ дыгъал-дыгъулгæнгæ æрызгъордта цæссыджы хуы- зæн карз арахъхъ æмæ йæ уый дæр хистæрмæ балæвæрдта: — Физонæгæй уал саходæм. Бон дзир-дзур кодта, афтæ мæ фехъал кодта мæ мад: — Сыст, дæ нывонд фон, уазæг дæумæ кæсы! Мæ цæстытæ тымбыл къухæй аууæрстон, мæ дарæс акодтон æмæ уайтагъд кæрты февзæрдтæн. Дыууæ Уастырджийы хуызæн лæджы уым ’æд саргъ, æд идон бæхы цур яæугæ раййæфтон. Зноны рифтæгтæ — нахæт- босмæ баст. Дада уазæгæн цыдæр амыдта йæ къухæй хосгæрсты ’рдæм. Куы мæ ауыдтой, уæд мæм уазæг йæ мидбыл фæ- худт: — Фынæй дæ "нæ бауагътой, мæ хур, нæ? —стæй дадамæ 1йæ къух фæдардта: — Цæй, хæрз райсом раут, Дауыт. Уæ уæздандзи- над, уæ лæггæдтæ уын фурды донæй дæр нал бафид- дзынæн. — О, дæ рынтæ ахæрон. Дæ цæсгомæн æй дзурыс, æндæра.., Ды æгас адæмæн куы лæггад кæныс, дæ сæр сыл куы хæссыс, уæд мйх иуиæг дæуæн зæрдæбын „гас цу" куы зæгъæм, уæд цас диссаг у?.. Æз ахъуыды кодтон: чи у уагæры, æппæт адæмæн чи лæггад кæны, уыцы уазаг? . Л;мбондæй бæхы идон райхæлдтон æмæ æнхъæлмæ кастæн. Дада æрбацыд, æгъдæнцойыл æрхæцыд æмæ афтæ: 67 -
— Сбад, уæдæ, Филим, æмæ дæ рæствæндаг фæкæ- нæд нæ хæхты Уастырджи, стæй мæнмæ æрбадзырдта: — Ды, лæппу, æфцæджы сæрæй бæх раздахдзынæ. Уазæг ын йæ къух райста, кæрæдзийы цæстытæм æдзынæг бакастысты. — Бузныг, стыр бузныг, — зæгъгæ, фæкодта бæлц- цон æмæ бæхмæ сгæпп кодта. Мæнæн йæ фæсарцмæ йæ цæстытæй ацамыдта, йæ къух мæм æрдардта. Уайтагъд нахæтбосæйбаст уæйлаг нымæтыл февзæрдтæн. „Филим"— ахъуыды кодтон. Дада йæ Филим схуыд- та... Уагæры.чи уыдзæн, æгас хъæуы хистæр дада йæ бæхы æгъдæнцойыл кæмæн фæхæцыд, уыцы лæг? Араст стæм. Арв, рæсуг цъæх денджызау, сыгъдæ- гæй зынд. Бурхохы сæрмæ маиу стыр стъалы бæрæгæй æрттывта, фæлæ куыдфæстагмæ фæлурс кодта, тади. Бæстæ уыд нырма бынтон æгуыппæг, æрмæст иу кæмтты тæлтæг дæтты сæх-сæхимæ рæстæгæй-рæстæг- мæ баиу Цъæхойы сæртæг хуыррытт. Æфцæджы хъуыррæбын фæхæрдгæнæнмæ схæццæ стæм. ^азæг бæх фæурæдта, хæрдмæ скаст. Ацы хатт йе стыр боцъойыл цæмæндæр йæ дæллагхъуырæй уæ- лæмæ йæ армытъæпæн суагъта, фæстæмæ мæм ракаст: — Ацы хæрды бæх тæригъæд у, мæ хур, ахизæм. Æз уадидæгæн æрсæррæтт кодтон æмæ æгъдæнцо- йыл ныххæцыдтæн. Уазæг дæр æрхызт. Араст хæрды фистæгæй, æз ын йæ фæдыл бæх идадзæй ластон. Цæуæм æнæсыбырттæй, æрмæст бæх стæм хатт фæндаджы был ~ кæрдæгмæ фæлæбуры, йæ сæр ныт- тилы æмæ та йæ хуыррытт ссæуы. Уазæг рæстæгæй- рæстæгмæ дидинджыты стоны æмæ- сæм басмуды, иу уысмы бæрц æрлæууы, фæстæмæ разилы æмæ сæрды- гон хæххон æрдзыл дард афæлгæсы. Хæрды сæрмæ схæццæ стæм. Ам та ныр уый бæрц къул нал у. Идон бæхы сæрыл багшæрстон æмæ та æгъдæнцойыл хæцын. Уазæг мæм æдзынæг бакаст, ме уæхск мын æрхоста: 68
— Хорз, лæппу, хррз! Цæуæм дарддæр. Стæм рæттæй спæррæст кæнынц цъиутæ. Кæцæйдæр райхъуысы зымы дæргъвæтин къуыз- зитт. Гауызгъуыз уыгæрдæнты дидинджыты тæф уæз- дан уахъæз йæ тæнæг базыртыл скъæфы æмæ дзы адæймаджы расыг кæны. Уддзæф дарддæр асимы, æгас фæтæны астæумæ кæрдæг, денджызы уылæнтау, йæ разæй цадæггай афæйлауы кæрæй-кæронмæ. Кæркусæг дидинджытæ сæ уæздан сæртæ, уайсадæг чындзыты сæртау, банкъусынц. Æфцæджы сæрмæ сæввахс стæм. Уæлæ чысыл фæз- мæ’æмбырд кæнынц хосдзаутæ. Бирæтæн сæ цæвджы- тæ — сæ цуры сагъд. Куы нæ ауыдтой, уæд се ’ппæт дæр, иу лæгæу, фестадысты. Сæ нымæтхудтæ систой æмæ нæм сæ тилынц, ардæм, зæгъгæ. Уазæг бæх фæурæдта. Æз бамбæрстон, хизгæ та кæй кæны æмæ уæлвæндаг нæумæ мæхи баппæрстон. Æрхызт уый дæр. Схæццæ стæм. Зæрдиаг æгасцутæ йын загътой. Æр- бадт сæ астæу. Йæ цæст сыл ахаста. Уазæг сыстад. Сыстадысты иннæтæ дæр, фæлæ сын йæ къухæй ацамыдта, сбадут, зæ’гъгæ. Æз Цъæхойы чысыл æддæдæр хизын, фæлæ мæ хъус дарын хосдзæутты срдæм. Уазæг дзуры лæугæйæ. Куы тьщбыл къухæй æртхъирæнгæнæгау, куы та йæ цонг расх адары, амоны дард кæдæмдæр. , Хосдзæуттæй бирæтæ сыстадысты æмæ сæцæвджы-' ты æнцой лæууынц, афтæмæй дзурæджы дзыхмæ кæ- сынц, ..,-.■• Æз, мæ бæх æввахсæй-æввахсдæр хизгæ уадзын/ Иу га^дзырдтæ мæ хъус ахсы... — Уæдæ афтæ, — дзуры уазæг,— меньшевиктæн ма радтут уæ хæцæнгæрзтæ. Уый нæ, фæлæ амал кæнын хъæуы фылдæр гæрзтæ, иу лæджы фырт дæр уæ мень- шевикты æфсадмæ йæ къах ма авæрæд... — Иттæграст зæгъыс, æмбалМахарадзе,—райхъуыст мæм сæ кæйдæр ныхас. 69
„Гьа-а-а", — ахъуыды кодтон мæхимидæг: Махарадзе, ибон дæр ма лæгтæ ныхасы йæ кой куы кодтой. Уæдмæ хур сæмбæлд нæ бакомкоммæ Бурхохы цъун- пыл. Уазæг æм йæ къухæй ацамыдта: —-Уæлæ-ма скæсут, уыцы хуры тынтæ куыд æртти- вынц, уымæ. Иууылдæр скастысты. — Афтæ æрттивынц Кавказы бæрзæндтыл дæр Уæ- рæсейы стыр революцийы сæрибархæссæг тынтæ. Уæ- лæ уыцы хуры тынтæ дæлæмæ-дæлæмæ аууон сæ разæй куыд рассивынц, комы нарджытæм куыд æрхæццæ кæнынц, афтæ большевикты революци, стыр Ленины революцийæн дæр Кавказмæ æнæрхæццæ нæй. Адæм се ’ппæт дæр исдугмæ хурæрцыдырдæм се ’нгас скодтой. Гæбила æрбацыд бæхмæ. Рифтæгтæ райста, нахæт- босæй нымæт райхæлдта æмæ уазæджимæ æфцæджы сæрмæ араст сты... Хъуамæ йæ фæсхох^æ ныххизын кæна. СÆУÆХСИДÆЙ - ЗÆРÆХСИДМÆ 1 Абон дæр, алы райсомау, раджы фестад лартийы райкомы секретарь Зораты Сослан. Йæ хуыссæнгæрзтæ бæстон батыхта æмæ йæ бурбын спортивон костюм скодта. Сæ фатеры стыр фæрссагæй афæлгæсыд боныгъæд- мæ. Хурыскæсæны *рдыгæй цъæх арвы риуыл спырх сырх сæуæхсид. Афтæ зыны, цыма æгæрон рæсуг ден- джызы сыгъзæрии, дон ныккалдæуыд. Урссæр хæхтæ кæсынц æнцад, æгомыгæй. „Æнусты дæргъы афтæ лæу- уынц, фæлæ сын сæ хуылфмæ нырма ничи ныккаст, куыд æмбæлы, афтæ, иичи сын зæгъын кодта сæ сусæг хæзнаты ном", — йæхимид сагъæстыл фæци лæг. 70
Гъе, фæлæ Сосланы зæрдæ барухс ирд сæурайсомæй æмæ, йæ цайдагъ^куыд у, афтæ йæ цæргæсфындзы бын хæрз ныллæг самыдта йæ уарзон зарæг: ’ „Ой, тохы бон, дам; ныккодта, лæппутæГ’ Чысыл фалдæр уаты къуымы хуымæтæг æфсæйнаг сынтæджы адджын фынæй кæны йе ’фсин, медицинон хо Таня. Йæ лыстæг даргъ æнгуылдзты уырз^тæ зынынц йæ къæсхуыр, фæлурс уадулы бынæй. Йæ цъæнутгъуыз дзыккутæй иу бындзыг сынтæджы былæй ’æрзæбул. Би- рæ урс æрдутæ йын дзы фæзынд, фæлæ сæм лыстæг куынæ æркæсай, уæд зын рахатæн сты. Йæ урс хъусьГдæл- лаг кæронæй æрттивы къаннæг, сырхдурджын хъусцæг. - , Сослан æм фемдзаст. Йæ зæрдыл æрлæууыд, хæс- ты заманы Украинаёйы зæххыл быдырон госпиталы Таня имæ куыд базонгæ, уый. ..-Зорайы фырт сæумæрайсом куы райхъал, уæд кæ- сы æмæ мæнæ йæ дæлфæдтæм бады цъæхдзаст, дæргъ- дзæсгом чызг. Йæ уæлæ — миты хъæпæны хуызæн ха- лат,^æ сæрыл дæр ахæм сæнт-урс худ. Раст мæнæ ныр- тæккæ кæй уыны, ахæм хъусцæджытæ тæмæн калдтой » йæ уæздан хъустæй. — Дæ райсом хорз, салдат, — сдзырдта йæм чызг фæлмæн хъæлæсæй, стæй тæвдбарæн дыууæ хатты æр- цагъта æмæ йæм æй бадардта. Сослан æм йæ цонг ра- даргъ кодта. Йæ дæрзæг, дымгæхост армæй йын йæ чы- сыл’урс къух æрылхъывта. Йæ хуыссæгхъæлдзæг, цъæх дæстытæм ын комкоммæ бакаст, стæй тæвдбарæн ра- сæрфæгау кодта æмæ йæ армы аззад. Чызг йæ къух аскъæфта æмæ фæцæуæг. — Бахатыр кæн, мæ хойы хай. Æз афтæ, куыддæр... — йæ фæдыл адзырдта лæппу æмæ йæ сау, æнæдаст рус æрсæрфта. Чызг ницы сдзырдта. >1у мæстыгъуыз, хинмидбыл- худт ма йæм æрбаппæрста æмæ феддæдуар. Йæ хъус- цæджыты тæмæи ма салдаты сау цæстытыл иу хатт лхъазыд... 71
Æппæт ацы нывтæ ныр Сосланы зæрдыл цымыдисæй æрлæууыдысты. Хъусцæгмæ та æркаст, афтæ йæм фæ- зынд, цыма йæ абоны онг никуы федта... Йе ’фсины хъæццулы кæрон бадзæбæх кодта æмæ йæ фæлмæн дза- бырты иннæ уатмæ æнæкъæрццæй рахызт. Йæ чысыл фырт, æртыккаг къласы ахуыргæнинаг, Ваняйы сынтæджы цур æрллæууыд. Йæ бур, æлвыд сæ- рыл ын куыддæр йæ арм рæвдаугæ æрсæрфта,- афтæ. уый фехъал. Йæ цъæх цæстытæй бахудæгау кодта æмæ хæлар хъæлæсæй сдзырдта: — Дæ райсом хорз, баба, — сынтæджы фæбадæг лæппу. — Сс, — йæ тæнæг былтæ фæцъупп кодта Сослан, — дæ мад дысон рынчындоны радгæс уыд. Нырма чьтсыл раздæр æрбацыд æмæ мыййаг сыхъал уыдзæн. Фыд æмæ фырт, сæ къахфындзтыл цæугæйæ, æддаг уатмæ рахызтысты. Уым рпдиойы ифтындзæн чысыл сзылдтой. Мæскуыйæ райхъуыст зоигæ дикторы хъæ- лæс. Райдыдта гимнастикæйы урок. Сосланитæ æрлæу- уыдысты кæрæдзийы комкоммæ, алы райсомау, гимнасти- кæ кæнынц. Рæстæгæй-рæстæгмæ фыд йæ лæппуйы афæдзæхсы: — Дæулæфт ма уром, ритм ма хал... Ваня йæ мидбылты худгæ йæ сæр разыйы тылд ба- кæны. Йæ чысыл цæнгтæ, цæргæсы базыртау, куы бæр- зонд сисы, куы та сæ ныллæг æруадзы. Йе стыр цырд цæстыты цины стъæлфæнтæ æрттивы. Æппæт йæ уынд, йæ конлæй йæ мады цæрмыстыгъд бакодта. Уый хыгъд сæ хистæр фырт, университеты студент Чермен та у йæфыды халдих: фæтæиуæхск, тымбылдзæсгом, сау- лагъз, тæлтæг лæппу. Фæстаг азты ма сын Ваня куы райгуырд, уæд Сос- лан æфсæрмы дæр кодта: „Нæ сæртыл халас æрбадт- не ^фсинимæ æмæ ма нын афтæмæй — чысыл саби"... Фæлæ ныр ацы лæджы бындзæфхад у сæ цин, сæ цæс- ты рухс: коммæгæс, зæрдæргъæвд, хъæлдзæг. 72
— Хорзæй баззайут, æмбæлттæ, — райхъуыст радио- йæ. Сосланитæ ма, сæ къахы фындзтыл слæугæйæ, цал- дæр хатты сæ риуыдзаг сулæфыдысты, стæй цыбыр къахдзæфтæй уаты къуымтыкаерæдзи фæдыл æрзылд- тытæ кодтой. — Цом ныр, Ваня, уазал цыхцыры бынмæ, — сдзырд- та фыд. Лæппу йæм хæрдмæ скаст, йе схъæл фындзы- хуынчъытæ фæйнæрдæм фæпака сты æмæ йын афтæ: ’ — Баба, фен-ма, фен, мæ хæцъæфтæ куыд хъæбæр сты, — йæ цонг æрбакъæдз кодта. Сослан ын æй æрыс- гæрста. . Æцæгдæр, хъыбылы хуызæн чысыл хæцъæф уыдис хъæддых, æмдынг. — О, мæнæ дын бынтон фæдурвидар кæныиц, — ба- худт лæг æмæ хицæн уатмæ бахызт, Ваня дæр — йæ фæдыл. Уайтагъд райхъуыст хъæддых цыхцыры сæх- сæх, стæй æхсызгон пыррыччытæ, доны цæллахъхъытæ. Чысыл фæстæдæр Сослан йæ фырты чъылдымыл æр- уагъта дæрзæг, митыкъæртты хуызæн хисæрфæн. Æры- гон, лæгъз буар сырхбын афæлдæхт æмæ йæ лæппуйы. æрбадæнтæ батъæпп ласта: — Цæугæ ныр æмæ дæ . дарæс кæнгæ! — йæхæдæг хихсæн уаты дуар рахгæдта, æмæ йæ мидæггæгтæ скод- та, стæй кæсæны раз балæууыд. Йæ урсхæццæ сæры- хъуынтæ йын йæ фæтæн ных æрæмбæрзтой. Йæ армæй сæ фæстæмæ адаудта. Йæ пыхцыл, халасæвæрд æрфы- джы сæр цы даргъ нуæсуыд, уый ныннайыны фæстæ сырхбынæй разынд. Йæ уырзтæ йыл æр’сæрфта, стæй йæ хъулон халат æрбакодта, рахызт хæринагаразæндон- мæ æмæ газы пецыл цайдан æрæвæрдта. Скъаппы къуы- мæй æйчытæй едзаг къус райста. Уайтагъд хъайлайы цъысцъыс ссыд, йæ хæрздæф фындзы хуынчъытæ ныц- цавта. — Лæппу, ардæм! — фæдзырдта- сабыргай. Ваня уайтагъд йæ цуры февзæрд. Æрбадтысты. Фын- джы астæу стыр тебæйы, æрдæбоны сæуæхсиды улæ- нау, бурачъи хъайла цæстытæ-цæстытæй зындис. Сос- 7а
лан æй урсфистон кардæй æртæ дихы акодта. Йæхицæн «æмæ дзы йæ фыртæн æрæвæрдта фæйнæ хайы. Иннæ дыууæ цæсты цы лыггаджы уыдысты, ууыл фалдæр бахæцыд: " . — Уый та дæ мадæн, нæ? - - Ваня хæргæ-хæрын йæ сæр разыйы тылд бакодта. Минас кæнынц æнæдзургæйæ. Сæ ’агуывзæтæй сæ ца- йы фæздæг, тасгæ-масгæ, хæрдмæ ивылы. Æвиппайды балкъоны азæлыд телефоны зæлланг. Зорайы фьфт ауад, -хæтæл систа. Æрбайхъуыст æм йæ шофыры хъæлæс. — Машинæ зæгъыс? Нæ хъæуы! Фистæгæй ацæудзынæн Уæртæ хъуамæ ног скъолайыл акæнон мæ фæндаг. Цы ^а, цы? Де ’фсымæр чындзæхсæв кæны, зæгъыс? Буз- ныг, мæнæн фадат нæ фæуыдзæн. Æндæр хатт сæм ар- ’фæтæм бауайдзыстæм. О, ды ацу, дæгъæл гаражы ба- -хизæны сæр æрæвæр. Машинæ мæ истæмæн куы ба- хъæуа... Сослан æрбаздæхт фынджы цурмæ, фæлæ бадгæ — нал! Лæугæйæ ма цалдæр хуыппы скодта йæ цайæ æмæ <5ацыд йæ дарæс кæнынмæ. Ваняйæн йæ сырх галстук йæ хъуырыл, йæ сау порт- фель йæ къухы, афтæмæй йæ фыды раз æрлæууыд: — Баба, дыууæ суарийы ма мын радт, буфеты дзы ^булкæ балхæнон. Фыд æм æдзынæг æркаст: — Æмæ йæ куы зоныс, æхцатæ мæнмæ нæ, фæлæ дæ мадмæ вæййынц, науæд дын знон райсом мæ цурьГ Æнæхъæн абази куы радта. — Радта, фæлæ дзы дыууæ булкæйы балхæдтон: иу .мæхицæн, иннæ та — Хасанæн. — О, уымæй хорз бакодтай, мæ хур! Æмбалы уар- зын хъæуы. Хасанæн йæ фыды фыд Байыр сахълæг .уыд, йæ цонг дæр нæ бацауæрстаид. Хæсты быдыры осъæбатырæй фæмард. — Æмæ дæуæй хъæбатырдæр уыд, баба? Дæуæн дæ )ных фашисты æхсаргард дæр куынæ алыг кодта, чысыл «фæнуæс, æндæр... 774
Сослан йæ арм йæ фырты уæ хскыл æрæвæрдта: — Нæ, нæ, мæ хур, мæн цы фриц æрриуыгъта, ууыл Байыр уæлбæхæй йæ фæринк кард куынæ æруагътаид,. уæд мæ дыккаг цæфæн бынтон бабын кодтаид. Ваняйы лыстæг бур æрфгуытæ фелхынцъ сты: — О, уæдæ уыцы фашисты кæд дæхæдæг нæ амард- тай, уæд дын у’ыцы бирæ хорзæхтæ, кæм уыдысты? Сослан бахудт: — Хорз, хорз, мæх’и Ваня, æз ма æндæр тохтыдæр уыдтæн. Цæугæ де скъоламæ, æндæра дын байрæджы уыдзæн, — стæй йæ хæлафы дзыппæй иу абази систа: — Гъа, Хасанæн дæр та-и’у балхæн. - Ваня, сырхдæллагхъуыр цъиуау, йæ сæр фæныллæг кодта: — Бузныг! — Æхца цы дзыппы ныпнæрста, уырды- гæй цыдæр чысыл æфсæйнаг цалх фелвæста æмæ йæ - йеннæ дзыппы авæрдта. Йæ фыд æй афарста: — Уый та ма цы у? Лæппу исдуг фефсæрмы, стæй бахудт, 8æ уадулы дзыхъхъытæ бæрæгæй фæзындысты: — Ницы, мæнæ нæ зæронд сахаты цалх, — æмæ фæ- цæуæг. Фæлæ ма къæсæргæрон фæлæууæг: —- Баба, изæры фондз сахатыл не скъолайы уыдзæн ныййарджыты æмбырд. Сослан, иучысыл хъуыдыты аныгъуылгæйæ, загъта: — Хорз, мæ хур! Æз бацæудзынæн, дæ мады та, мый- , йаг, куынæ равдæла. II Фæцæуы Зорайы фырт сæ районы уынджы. Йæхи- мидæг та ныллæг хъæлæсæй зары: „Ой, тохы бон ныккодта, лæппутæ!" Æрæгвæззæджы ирдгæ йæ æлхысчъытæ кæны. Йæ рог цъæх палтойы фæччитæ йын цадæг æрбафæйлауы. Нырма сæумæрайсом у æмæ уынгты бирæ ничи ис. Йæ ных сарæзта сæ ног скъолайы галуанмæ. 75
Бахæццæ. Стыр, цъæхахуырст кулдуары цур,бай- йæфта хъахъхъæнæг ацæргæ лæджы. Йæ къух ын райс- та, афæрстытæ йæ кодта цæмæйдæрты, стæй фæраст скъоламæ бахизæн дуармæ, бакодта йæ æмæ схызт дык- каг уæладзыгмæ. Директор фыст цы дуарыл уыди, уый цадæггай бахоста йæ амонæн æнгуылдзы фæкъæдзгæ- нæнæй. —- Мидæмæ! — райхъуыст æм барджын хъæлæс. — Фарн уæ ног бынæтты! Директор, æрыгон, саулагъз лаёппу, стъолы фарсмæ бадт. æмæ цыдæртæ фыста. Зонгæ хъæлæс йæ хъустыл куы ауад, уæд цæрдæг фестад. Исдугмæ фæтыхст, йæ тæнæг хъустæ асырх сты. Уазæджы размæ ратындзыд- та, йæ къух ын райста æмæ йын йæхи бандонмæ аца- мыдта. — Нæ, бадгæ нæ! Цом, кæд дæ æвдæлы, уæд мык кълæстæ фенын кæн. Райдзаст, хурæргом кълæстæй зæрдæ рухс кæны* Се стыр фæрссæгты фæлгæттæ —- пылыстæггъуыз ахорæ- нæй сæрст. Ногарæзт, лæгъзцъар партæты адæймаг - йæхи уыны. Сослан сыл йæ уырзтæ æрсæрфы, иунæг рыджы мур дæр сыл нæй. . Уалынмæ иу партæйы цур дзыхълæуд фæкодта, кæ- сы йæм æдзынæг. Партæйы фæйнæгыл карды фындзæй ис дамгъæ „И" къахт. 'Зорайы фырты цæсгом фæтар- гъуыз. Йе ’рфгуытæ кæрæдзийыл сæхи андæгътой. Ди- ректормæ тызмæгæй бакаст: — Уый, дын, гъе! Нырма дзы иу къуырийы бæрц стут æмæ ныридæгæн „фесгуыхтыстут". Ам кæцы кълас ахуыр кæны? — Æртыккаг, — къæмдзæстыгæй загъта директор. — Гъе, æмæ уыцы кар сывæллонмæ кард цæмæн хъуамæ уа? —цæхгæр фæлыг кодта йæ ныхас æмæ фæцæуæг, асинтыл æрызгъордта, директор дæр та — йæ фæстæ. Азылд скъолайы фæрсты. Алыран дæр—сыгъдæг æмæ 76
хæрзæфснайд. Кæмдæрты дзы ис ног талатæ сагъд дæр. Секретарæн йæ маст цыма чысыл æрцыд... Директормæ разыйы каст бакодта... * Ныр стыр къахдзæфтæгæнгæ, кулдуармæ йæ ных са- рæзта. Йæ уæззау цырыхъхъыты гуыпп-гуыпп æм дзæ- ^æх хъуысы сæурайсомы рæууæлдæфы. Скъоладзаутæ йыл æмбæлынц къордтæ-къордтæй. Лæппутæ йын æф- сæрмдзæстæй сæ худтæ фелвасынц, чызджытæ та йын сæ сæртæй акувынц, сæ гæлæбубаст лентæты базыртæ базмæлынц. Се ’ппæт дæр æй хорз зонынц: æрæджы се скъола куы байгом, уæд сын сæ иумæйаг фембæлды фыццаг арфæйы ныхас уый загъта. " Зорайы фырт рахæццæ кæны кулдуармæ. Ныртæккæ сын хæрзрайсом зæгъдзæн. Фæлæ" хъуыддаг афтæ нæ рауад. Йæ дæллаг фарс ныллæггомау постаментыл Къостайы сау бюстмæ фæкомкоммæ. Исдуг æм йæ мид- бынатæй нымдзаст, цыма дзуары бынмæ цыд, уыйау æм сабыр, фæлмæн къахдзæфтæй бараст. * Бахæццæ. Кæсы йæм, йæ цæстытæ æнæрныкъулгæ- йæ. Йæ цæ.сгом мæйдар æхсæвы хуызæн афæлдæхт. Поэты фæтæн ных, йæ сæры ахуырст цалдæр раны чъылбызгай схауд. Йæ зæбул рихийы кæронæй та къæртт ахаудта. Бюст зынди цæгæр хъулæттæй. Сослан, цырты рæбыны цы дидинджытæ уыдис, уы. дон бадзæбæхтæ кодта. Сæрст кæмыты схаудта, уыдо- ныл йæ уырзтæ арæхстгай æрхаста, цыма сын фæрис- сынæй тарст, кæнæ сæм бавналын нæ уæндыд, уы- йау. Директормæ йæ уæхсчы сæрты ракаст. Йæ сау ■цæстытæй судзгæ стъæлфæнтæ атахт æмæ æлхъывд дæндæгты ’хсæнты цæхгæр ачъепл ласта: — Уый нæ адæмы намыс у, æмæ уымæ ахæм хуызы чи кæсы, уый у дурзæрдæ;! — æмæ æвиппайды фæцæ- уæг. Дуаргæронæй ма иу мæсты зылд фæкодта æмæ йæ донг бюстмæ фæдардта: — Тæккæ изæрмæ йæ гаччы куыд уа!.. 77
III Зорайы фырт йæ куыстмæ фæтындзы. Йæ сæрæГь нæ хицæн кæнынц, чысыл раздæр йæ зæрдæ кæуыл фæрыст, уыцы аиппытæ. Ног партæйыл цы „И" угард. федта, уый йæ развæдыл февзæры: куы зулмæ фæл- дæхтæй, куы та æмраст. Афтæ бюсты чъылбызтæ дæр> дæргъæццæттæ, æмдымбылтæ, йæ зæбул рихийы саст кæрон. Йæ сагъæсты афтæ арф аныгъуылд, æмæ йе стыр цырыхъхъытæ сосæ фæндагыл куыд гуыпп-гуыпп кодтой, уый дæр æм нæ хъуыст. Фæлæ-иу ыл чи ам- бæлд, уыдонæн уæддæр йæ сæры фæкъулæй салам рад- тынмæ йæхæдæг фæразæй вæййы. Æваст фестъæлфыд, йæ хъуьиытæй фæиппæрд: йæ- хъустыл ауад æфсæинаджы цъæхснаг зæлланг. Фæкаст йæ рахиз фарсмæ. Уæлвæндаг цы егъау æртæуæладзыг хæдзар рæзы, уырдыгæй тæхынц, уалдзыгон зæрватыч- чытау, æфсæйнаг хойыны сыгъдæг зæлтæ. Сослан сыздæхт, балæууыд аразджыты цур. Æр- тыккаг уæладзыджы къултæ дæр амад фæфæуынц. Йæ масты сагъæстæ æвиппайды, сау сынтытау, кæдæмдæр* * ныппæррæстытæкодтой. Худæндзастæй фæхъæр кодта: *—О, байриат, æфсымæртæ! Иу къæсхуыргомау, сауцæст чызг-ус йæ чъырыз- мæнтын фæуагъта, — йæ дзæнхъа дæндæгтæ ферттыв- той. — Æмбал секретарь, æфсымæрты йедтæмæ хотæн ар-% фæ не *мбæлы? — йæхæдæг зæллангхъæлæсæй ныххудт æмæ чъырызмæстæй йедзаг ведраимæ фæцæуæг. Йæ сæрыл фæстæмæбаст сырх кæрдæны къабаз, ирдгæйы армы, хуры тынтæм, арты свзагау, аззади. Сослан фефсæрмы, фергъуыйау, стæй йын йæ фæ- дыл адзырдта: г-^Æмæ цы уæлдай у: хотæ æмæ æфсымæртæ æм- баруæ сты. — Стæй рæстæгмæ арæзт хъаедын асиныл уæлæмæ фæцæуæг. Урсхæццæ рихиджын сисамайæджьь 78
цур æрлæууыд, салам ын радта æмæ арæзтадыл афæл- гæсыд. ^ Джиппыуагъды хуызæн, дæргъæлвæс галуан, кæд нырма æххæст. арæзт нæу, уæддæр секретары хъуыды- йы æнæхъæнæй сыстад... Цыма тæмæнтæ калынц йæ- фисынтæй цинкæ зестæйарæзт къæдзлулæ цыхцыр- джытæ, Йæ фæтæнавг фæрссæгтыл хуры тынтæ хъа- зынц. Чысыл балкъæттæй зынынц сырхуадул сабитæ: саусæртæ æмæ бурсæртæ, æлвыдтытæ æмæ дзыкку- джынтæ. Сосланзоны, цал фатеры дзы уыдзæн, уый. Йæ мид- зæрдæйы сæ уары: сæ сыхаг бирæсывæллонджын идæдз, усæн... æрæджы чындзæхсæв чи скодта, уыцы дохтыр чызг æмæ инженер лæппуйæн... хæсты инвалидæн... æмæ- цал æмæ цал_бинонтæ азгъордтой йæ сæры магъзы!.. Агуириты гæргæрмæ йæ хъуыдытæй фæиппæрд æмæ сисамайæджы афарста: — Цымæ ма йын бирæ бахъæудзыстут? — Нæ! Тæлы рауадзын ма йыл хъæуы æмæ стæй — .æмбæрзгæ. — Загъта пыхцылрихи, ацæргæ лæг æмæ дæр- - гъæццон агуири йæ фыййаджы тъæпæныйас къухæй æрнадта. — Иттæг хорз! —фæкодта Зорайы фырт, стæй аси- ныл рог æруад. Йæ уарзон зарæг та йæм кæцæйдæр^ "фегуырд:- „Ой, тохы брн ныккодта"... Бæстыхайы раз æрдæбоны усыл хæрхæмбæлд фæци. Мидбьтлхудгæ йæм иу хингаст фæкодта: — Цæй, хæрзрайсом ут, нæ хотæ! Ус дзургæ ницы скодта, фæлæ йæ сау цæстыты цины улæн ахъазыд, æмæ æрдæбонæй^ тынгдæр ныххудт.... IV Зорайы фырт хурмæ скаст, стæй — йæ цонджы са- хатмæ: „æгæр мын байрæджы куыстмæ" — сагъæсыл фæци æмæ йæ цырыхъхъыты гуыпп*гуыпп фæтагъддæр. 79*
Бирæ нæ ауад, афтæ урс коляскæйы йæ дыууæфаззон лæппуйы æрбацæйласта сæ мад. Уый уыд районы фосы дохтыр, бæрзонд, тала бæласы хуызæн, сауæрфыг сыл- гоймаг. ' Секретарь коляскæйы раз æрлæууыд. Æргуыбыр кодта æмæ ныллæг ныккаст фырыхъулы хуызæн са- битæм. Уыдон æм сæ мидбылты бахудтысты, сæ чысыл пух цæнгтæ йæм стылдтой, сæ хъæлдзæг æгъгъытæ сыхъуыстысты. — Уæ^лæгъи, Зариффæ, дæ фаззæттæ лæппутæ нæ, фæлæ — æнæхъæн лæджы бындзæфхæдтæ. цыкурайы. фæрдгуытæ. Куыд у, куы, сæ фыд нæма æрцæуы? — афарста йæ фæлмæн хъæлæсæй. — Нæ, ацы аз фæстаг курсы ис. — Æнхъæл дæн, агроном уыдзæн? — 01 — йæсæр батылдта ус. — Гъе æмæ хорз! Фидæнмæ зæххæй, фосæй уæ къу- хы уыдзыстæм æмæ — уæ хъару æмæ уæхæдæг, — * хдзырдта секретарь, стæй ма афарста: ~ — Сабитæ мыййаг исты цух сты? Ус ныфсæрмы. Йæ коляскæйы æрдынæг Р.æ лыстæг гæзæмæ сырхахуырст æнгуылдзтæй дауы... æрæджиау загъта: — Ницы, æрмæст... — æмæ йæ къæсхуыр, дæргх- дзæсгомыл сæуæхсид аленк кодта... Сослан аивæй фæкаст усы гуырыкондмæ... „Кæй зæ- гъын æй хъæуы, ацы дыууæ арсы хъыбылæн уымæ фаг æхсыр нæй\ — ахъуыды кодта æмæ Зариффæйы къух райста: — Цæй, хорз! Ма мæт кæн, æппæт дæр сараздзыс- тæм. ...Тындзгæуадæй фæуайы йæ куыстмæ. Кæмдæр йæ зæрдæйы арфы уыцы дыууæ фаззоны худынц сæ сырх- бын мылытæ æмæ саунæмыг цæстытæй, багуымгуым та кодта йæ зарæг. „Ой, тохы бон ныккодта, лæппутæ!.." 80
Бахæццæ райкомы бæстыхаймæ. Йæ кусæн уатмæ бахизæны йæ секретарь чызг Фаризæтимæ кæрæдзийæн салам радтой æмæ фæмидæгæй. Йæ палто æрцауыгъта. Уаты рæбинаг къулыл та Ильичы портрет йæ цæстытыл аныдзæвд. Йæ быны, нарæг стъолыл—ацы аз сæм цы ног цыбырсыг мæнæу æрзад, уымæй армыдзаг æфсирты чъи- на. Уый фарсмæ, цъуйау, цупалгай чи зайы, ахæм сырх фæткъуытæ. Уыдонæй чысыл фалдæр —раст арсы лæп- пыны хуызæн картоф. Ис ын гуылмыз мукъу æмæ цыбыр, ставд къæхтæ. Чидæр ма йын чысыл æвзалыйы къæрттытæй сау цæстытæ дæр басагъта. Бакæс æм æмæ арсы лæппыны цæр^æстыгъд бакодта. Сослан картоф йæ къухмæ систа æмæ дзы, искæи- мæ дзурæгау, сирвæзт: — Диссаг у æрдзы хабар! Цас сусæгдзинæдтæ йæм ис. — Картоф куы ’рцæйæвæрдта, уæд æм уаты иннæ къуымы фæрссаджы дæлвæйнæгæй цыдæр дуры къæртт ферттывта. Йæ цæст дзы нал райста, афтæмæй йæм ба- раст. Систа йæ. Хуры тынтæ йыл ку’ы аныдзæвдысты, уæд ноджы цалдæргъуызæй ныттæмæьтæ калдта. Фæстаемæ æрбацыд йе стъолы цурмæ. Æ^бадт, ду- ры къæртт йæ разы æрæвæрдта æмæ йæм кæсы. Зары та йæ фындзы бын: „Ой, тохы бон ныккодта..." Йæ рахиз фарс дзæнгæрæджы æргъæвæн æгънæг фелхъывта. Цæсты фæныкъуылдмæ Фаризæт æрба- хызт. .Æнцад лæууы æмæ æнхъæлмæ кæсы, цы йын зæгъдзæн йæ хистæр? Лæг та дуры къæртт систа, йæ армытъæпæнмæ йæм кæсы: — Дæ хорзæхæй, ацы хуын кæм уыд? — Абон æй геологты хистæр æрбахаста. Уыдис тынг хъæлдзæг æмæ дæу агуырдта, стæй афтæ, райсом, дэм, æм æрбауайдзынæн,—загъта чызг æмæ йæ галиу къу- хæй йæ мæкъуыламад мыдгъуыз дзыккутыл фæстæмæ фæхæцыд. 6? 81
— Уый иттæг хорз, фæлæ ма мæ номæй сывæллæт. ты цæхæрадонмæ фæдзур, цæмæй æрвылбон дæр Зариффæйы лæппутæн æрвитой æхсыр. — Айразмæ мын æвгъæддон хæдзармæ дидинджытæ кæмæн барвыстай, уыцы... — О, уыцы, уыцы...-— йæ ныхас ын фæлыг кодта секретарь. Чызг йæ мидбылты фæхудт, йæ мæкъуылыл та фæс- тæдзæг фæхæцыд æмæ феттæдуар. Сослан нæ уарзта ацы чызджы мæкъуылцъупп дзык- кутæм кæсын. Иу хатт ын æй æргом дæр загъта, фæ- лæ йæ уый цæхгæр алыг кодта: — Мæ хæстæ куынæ æххæст кæнон, уæдмын бауай- дзæф кæн, фæлæ мæ дзыккутæ мæкъуыл нæ, цъына- амад куы кæнон, уæддæр уымæй никæй ницы хъæуы!..' Зорайы фырт та уыцы цæхгæр, къæйных дзуапп ныр дæр æрхъуыды кодта, фæлæ йæм ницы сдзырдта. Йе стъолы астæуккаг лагъз раласта æмæ йын рæхджы сæ районы фæскомцæдисы конференцийы цы раныхас уы- дзæн, уый фыссыимæ æрывнæлдта. Хъуыдыгонд ын рагæй уыд, æрмæст ма йæ гæххæтмæ рахæссын хъæуы. Фæлæ та уæдмæ Фаризæт дуар æрбакодта: — Мæнæ дæм кæйдæр бацæуын фæнды, тыхæй бырсы. Сослан йæ фыссинæгтæ æрæвæрдта: — Рауадз æй! — Æмæ абон æрбацæуджытæ куынæ фæисæм, — куыд сдзырдта чызг, афтæ йæ иувæрсты æрбалæгæрс- та иу къуылых лæг, йæ цыбыр къæдзсæр лæдзæг - йæ къухы, афтæмæй: — Кæйдæр, кæйдæр,. — сфæзмыдта чызджы. —■ Кæ- мæй фесты, кæ, ацы дурзæрдæ чызггæндтæ?! Абон, дам, æрбацæуджытæ нæ исæм! Уый ма та, чи æрымы- сыди, гъе?! Лæджы хъуыддаг куы вæййы, уæд æрба- цæуы, уый йедтæмæ бонтæ не ’взары, — тымыгътæ код- тА уазæг. Сослан йæ размæ рахызт, йæ къух ын райста: 82
— Мæсты ма кæн, Созыр. Кæддæриддæр дын ардæм — уæрæх фæндаг, — æмæ йын бандонмæ ацамыдта. . Уый фæчиу-фæчиугæнгæ бацыд æмæ къæлæтджыны йæхи мæсты тъæпп æркодта, стæй йæ лæдзæг йæ разы стъолыл цæхгæрмæ æрæвæрдта. Секретарь йæ ныхмæ æрбадт. Уазæг йе ’рфгуытæ ныттар кодта, асæст бонау, æмæ зулаив кæдæмдæр кæсы, йæ лæдзæджы къæдз сæр йæ армыдзыхъхъы мыдул кæны, афтæмæй. — Цæй, дзур, Созыр, цы хур, цы къæвда дæ æрба- хаста?. Уый йæ мидбынат атæлфтытæ кодта, йæ лæдзæг фалдæр фесхуыста, йæ рихи фесхъиу-фесхъиу систа. — Дзургæ нæ, фæлæ хъуамæ, цæф арсау, богътæкæ- нон, богътæ! Цалдæр азыхæсты быдыры нæмыгмæмæ риу фæдардтон. Кавказæй Берлинмæ мæ туджы æртах кæм не ’ркалд, ахæм гæппæл нал баззад. Цæнкуылтæй æмæ ма уонгцухтæй æрхылдтæн. Ныр ам топпыхосы фæздæг- мæ дмудгæ. дæр чи нæ бакодта, уыцы хъуымыздзыхтæ хицæуттæ систы. Æмæ цымæ куыд æнхъæлынц? А лæппу сын лæгау фæуыдзæн! Æз мæ къуылых къахæй суанг Мæскуымæ дæр ныццæудзынæн! — стъол тымбыл- къухæй æрриуыгъта æмæ арф ныуулæфыд. Сослан цадæггай сыстад. Йæ лæдзæджы къæдз сæрыл ын йæ къух æрæвæрдта: — Созыр, зæгъ-ма йæ, зæгъ, уагæры цæуыл афтæ æхсидыс? — Æз уын цæуыл æмæ фырыл фенын кæндзынæн!— йæ рихи та стæпп-тæпп кодта. Секретарь ын йе уæхскыл йæармытъæпæн.æрæвæрдта: — Арæби, цы хабар у„ схъæр кæнæн ын нæй?.. . *. — Ау, куыннæ йæ зоныс, гормон, мæ сыхаг куы дæ, ч цæрæнуат мын .кæй нæ ис, уый! Афæдзы дæргъььмын фатерæй ныфс февæрдтай æмæ ныр, гъа..< ,. г/. ч Ч; — Ома куыд, гъа? — афарста йæ Зорайы фырт^ ,;. Созыр æм йæ бурб’ын цæстытæ фæдзагъур\ кодта: '*вз ’
— Чысыл раздæр мын нæ хæмхудджын райæххæст- комы сæрдар расидт, ацы уæрстæн, дам, дæ нæ фæуы- дзæн, дæуæй, дам, нæм тыхстдæртæ ис. Ехх, хъуымыз- дзых! Уый ам салдæтты устыты ибкæтæм куы смыста, уæд æз та мæ игæрæй зæхх марзто’н, — алыг кодта цæхгæр æмæ секретармæ бакаст: — Æмæ ма уый, гъа, фæлæ ды та, ды! Хæсты дуд- гæбæттæ дæхæдæг куы бавзæрстай. Сослан сабыргай æрбадт. —• Исты ма зæгъыс? ’ — Уæлæ къулыл хоры нæмгуытæ кал æмæ фæстæ- мæ згъæлдзысты, — загъта тызмæгæй æмæ йæ лæдзæг райста. — Гъе, æмæ уæдæ ныр-та æз зæгъон. Фыццаг уый, æмæ хæдзар арæзт нæма фæци; дыккаг уый, аемæ йæ нырма ничи байуæрста. Уæдæ дæ фырт ус ракуырдта æмæ уæ чысыл фатер фаг кæй нал у, уый дæр зонын. Дæ зæронд фатеры хъуари бамбыд — уый дæр зонын æмæ ма дын йæ раивынæн шифер дæр самал кодтон. — Æмæ дын уый та чи загъта?—фæджихау Созыр. Уый стъолыл йе стыр, хъуынджын къухтæ дзуар- æвæрд скодта æмæ хъусы. Йæ рихи нал тæлфы. * Сослан дзуры дарддæр: — Стæй æз æмæ ды хæсты кæй уыдыстæм, уымæй алы бон нæ сины сæртыл хæцæм, æмæ дзы чи нæ уыд, уыдоны нæ сыкъатыл исæм, уый дæр раст нæу. Нæ райæххæсткомы сæрдарыл уæд цыдис фынддæс азы бæрц æмæ сылты ибкæтæм не смыста, фæлæ йæ чысыл фыййау нымæты Хъызлары уазал быдырты хотти кол- хозы фосы фæдыл. ’. .:.Ныхъхъус сты дыууæ дæр. Сослан та бацыд æмæ фæрссаджы фæйнæгæй æрттиваг дур систа, ратул-батул æй.кæны йæ армы. Уæдмæ Созыр сыстад. Йæ бандоныл стъолы бынмæ бахæцыд. Секретармæ комкоммæ бакæсын йæ цæсгом нал бахъæцыд, фæлæ йæ цæугæ-цæуын афарста: — Æмæ шифер кæцæй райсгæ у? 84'
V- Уæртæ æфтауцдоны гæсæн зæгъ, — сдзырдта Сослан, стæй дуры къæртт йæ бынаты æрывæрдта æмæ йæ бандонмæ бараст. Æрбадт æмæ куыддæр фыссын- мæ æрæвнæлдта, афтæ телефоны зæлланг райхъуыст. — О, Таня дæ? Аходæн? Хорз, хорз, фæцæуын! — - Хæтæл æрæвæрдта æмæ йæ сахатмæ æркаст: „Кæуыл- ты атахт рæстæг?! Хуыцау дын ма уæд, Созыр! Æгуыст мæ фæкодта. Уæвгæ, уый аххос дæр тынг нæу — йæ нуæрттæ хæлд стыа, — ахæм сагъæстæгæнгæ йæпалто райста ауындзæнæй... V Зорайы фыртрайкомы дуармæ рахызт. Уынджыкуыд- дæр сæхирдæм фæзылд, афтæ кæсььæмæ уæртæ дæл- лагхъæуккаг зæронд лæг, йæ русыл хæцгæ, къæдз-къæ- дзы ссæуы. — Уый Дадо куы дæ, Дадо? Дæ бонтæ хорз æмæ дæ фæндаг раст! — йæ размæ бахизгæйæ, загъта Сослан. Лæг æм йæ • бæзджын, урс æрфгуыты бынæй йæ сырх цæстытæ æрбазылдта. - — Амондджыну, дæ рынтæ ахæрон! Цæй фæнда- раст æмæ цæй цыдæр!о Мæ дæндагæй мæ уд схауы, сыджыт æй- бахæра æм’æ, зæгъын, кæд дохтырмæ фæ- хæццæ уаин. — Дадо, ам иу уысмы бæрц фæлæу, æз дæ ныртæк- кæ... — загъта Сослан, йæхæдæг сæ гаражмæ фæраст. Уæлкъæсæрæй машинæйы дæгъæл райста. Цъæхахуырст „Волгæа уайтагъд урсбоцъо зæронды цур балæууыд. Сослан Дадойы йæ цуры сбадын кодта. Цæсты фæны- къуылдмæ поликлиникæйы раз февзæрдысты. Рахызт рынчын, йæ русыл хæцгæ, Сосланæн йæ сæрæй акуыв- та æмæ кулдуарырдæм араст. — Чысыл фæстæдæр ауылты рацæудзынæн. æмæ дæ уæхимæ дæр ныддавдзынæн, — йæ хъустыл ма ауадчсек- ретары хъæлæс. 85'.
, Дæндæгты дохтыр Дадойыл йæ кусæн уаты раз хæрхæмбæлд фæци: т- Цы кæныс, зæронд? — афарста йæ зынæввæрсон хъæлæсы уагæй æм& йæ уынгæгкъах хæлафы уаерагæй урс бæмбæджы бындзыг аппæрста. — Дæ рынтæ ахæрон, дохтыр; мæлынмæ’ дæндагæй æмæ мын баххуыс кæн. Къуыдипп лæппу йæ иувæрсты фæраст æмæ йæхи фæтызмæг кодта: — Нæ уыныс, улæфты рæстæг у, уый?! Иу сахаты бæрц мæм банхъæлмæ кæс. — О, æмæ уæдмæ мæлгæ кæнын, гормон... — Ма тæрс, уымæй нæ мæлынц! Науæд цæмæй тæр- сыс, уæддæр зæронд куы дæ, — мæстæймарæгку сдзырд- та æмæ йæ цæст дæр нал ауыдта. Дадр исдугмæ дурдзавдæй касти йæ фæстæ, стæй кæрты къуымты дыууæрдæм рауай-бауай систа. Йæ рус нылхъывта, цæф арсы гуымгуым кæны. Фырадæргæй куы къулгæрон цы даргъ бандон ис, ууыл абады, куы та фесты æмæ дыууæрдæм срог вæййы. ...Уæдмæ поликлиникæйы кусджытæ сæ улæфтæй здæхын райдыдтой. Зæронд лæгæн дохтырмæ кæсынæй йæ цæстытæ ныуурс сты. Æвиппайды кулдуарæй æр- байхъуыст машинæйы уынæр. Сослан уайтагъд йæ цуры февзæрд: — Гъы, цы фæдæ, федтой дын дæ дæндаг? Дадо исдугмæ фырмæстæй дзурын не сфæрæзта, стæй арф ныууынæргъыдта: — Нæ, мæ хæдзар, нæ! Улæфты рæстæг, дам, у æмæ афардæг мæ дохтыр. О, дæлæ, гъе, æрбацæуы. Секретарь, артау, ссыгъд. Йæ сау цæстытæ фыдæ- хæй айдзаг сты, йæ мидбынаты æрзылд æмæ дохтыры раз æрлæууыд: | — Лæппу, цæмæннæ æркастæ ацы рынчынмæ? Дохтыр йæ сины сæрыл æрхæцыд. — Улæфтæн йæ ном йæ уæлæ ис, закъон у. 86
Зорайы фырт йæ сахатмæ æркаст: — Æмæ уæдæ мæнæ фынддæс минуты кæй байрæ- джы кодтай, уый дæр закъон у? — Мæнæн дæр, дæуау, машинæ куы уаид, уæл не рæджы кæнин! —æлхыскъгæнæн худт бакодта дохтыр. Сослан йе ’нгуылдзтæ, æрбалхъывта, æдзынæг æм бакаст, стæй йын æлхъывд, фæлæ джиппыуагъды хуы- зæн дзырдтæй хъæддых загъта: — Ныртæккæ рынчыны акæн æмæ йын фен йæ дæн- даг. Уый фæстæ йæ тагъд æххуысы машинæйы йæ хæ- дзармæ арвитут. Райсом-иу мæм фараст сахатыл уæ хистæримæ куыстмæ æрбауайут, — балхынцъ кодта йæ лыхас æмæ йæ машинæмæ фæраст. VI Сослан йæ кусæн уаты къуымты рацу-бацу кæны. Йæ маст йæ риуы, дойнаг дурау, ныттымбыл. Йæ цæс- тыты разæй нæ хицæн кæны хæрзхаст, хæрззылд æры- гон дохтыр: тæмæнтæ калы йæ тымбыл цæсгом, йæ" уæлæ ис æвзаргæ зынаргъ дарæс. Йæ цæстæнгас — зынæввæрсон, æнæфсæрм. Зорайы фыртæн цалдæр мæйы размæ поликлиникæйы хистæр загъта, дæндæгты дохтыр сæм кæй æрбарвыстой, уый. Йæ фыд, дам, у медици- нæйы профессор, йæ мад дæр — стыр ахуыргонд. „Чи зоны йæ сæр дæр уымæн бæрзæндты хæссы. О, æмæ уый .афтæ фæуæд, фæлæ дурзæрдæ та цæмæн у?.. Ау, ногдзаутæ, фæскомцæдис, студентты ’хсæн æппын ницæуыл сахуыр?.. Науæд йæ профессор ныййарджытæ та?..—сагъæс кæны секретарь, — чи зоны, нæ хъомыла- ды куыст нырма йæ гаччы нæй. Нæ зонæм адæймаджы зæрдæмæ ныккæсын, нæ фæлгъауæм алы лæджы сæр- магонд миниуджытæ... Æви иуæй-иу адæймаг ахæм удыпьæд æрдзæй рахæссы?" — дзырдта йæхимидæг, стæй цадæггай йе стъолы фарсмае æрбадт æмæ та йæ раныхас фыссынмæ æрæвнæлдта. 87
Тымбылгомау, гуыбыраив дамгъæтæ æнæ хахх, урс« урсид гæххæтты æмраст рæнхъытæй кæрæдзийы фæ- дыл араст сты. Кæмдæрты дзы, хсæнмæ-хсæнты бæ- рæгæй разынынц æмдзæвгæтæ дæр: ■ ’ Уæд фос куыд уарзта, Фæсал сын ласта Иæ салд æрчъийæ. Иæ зард нæ уагъта, Фæндыр ыскъахта Бæрзбызычъийæ. Бафæллад. Сыстад æмæ уаты къуымты азылд. Фæрс- саггæронмæ бацыдис. Фæлгæсы, сæ район ногæй цы хуымзæхх басæттинаг сты, уымæ. „Фыццаг азты йæ, æвæццæгæн, хъацæнтæ уый 8æрц нæ бахъæудзæн. Йæ мæр нырма йæхæдæг тынг хъæздыг у. Мæнæу тауыны бæсты дзы, чи зоны, дыргъдон куы саразиккам, уæд фылдæр пайда радтид"... '• Ахæм сагъæстæгæнгæйæ, фæстæмæ разылд æмæ та абоны æрттиваг дурмæ фæкомкоммæ. Ууыл гæзæмæ ныдзæвдысты фæцæйныгуылæг хуры тынтæ æмæ цæст- гай, электроны цырæгътау, сыгъдис алыхуызон хуыз- тæй. Сослан æй йæ армытъæпæны абарæгау кодта: — Ахæм къаннæг уæвгæйæ, мæлæты уæззау у[ Æвæццæгæн, иууылдæр згъæр у, — загъта йæхицæн, стæй йæ æрæвæрдта. Йæ фындзы бын та базарыд: * —Ой, тохы бон, ныккодта лæппутæ! — æмæ йе стъолмæ бараст. Гъаныр æрбада, афтæ йæ цонджы са- хатмæ фемдзаст: — О, фондз сахатмæ бирæ нал ис. Ваняйы æмбырд мæ фæцæйрох кодта, — æмæ йе стъол æфснайынмæ фæцис, стæй йæ палто скодта. Рахызт йæ кусæн уа- тæй. Фаризæтмæ ма иу каст фæкодта: ’г-Исчи ма мæ куы агура, уæд-иу ын зæгъ, скъола- мæ,1 дам, ныййарджыты æмбырдмæ ацыдис, — йæхæдæг райкомы бæстыхайы фæстæ дыргъдоныл фæраст. 88
Дымгæйы уддзæф никуыцæй ныдзæвы. Бæлæстæ/ цыма сойнуæзтæй ныссæлæт сты, уыйау æнцад, хъуы- дыджын каст кæнынц. Къæхты бынæй сыфтæрты фæл- мæн сыбар-сыбур хъуысы. Кæмдæр ма иуæй-иу бæлæс- ты цъуппытæй, сыгъзæрин суаритау, æрттивынц иугай сыфтæртæ. , Сослан цæуы æмæ сыл йæ цæст хæссы. Иу ран фæткъуыйы талайæн йæ къалиу цæмæйдæр æрсаст -йæ рæбыныл æмæ æрзæбул. Лæг æм æргуыбыр кодта, схæцыд ыл арæхстгай, фæлæ, нал байгас уыдзæн, уый куы базыдта, уæд йæ дзыппæй систа карандасцыргъ- гæнæн хырынкъа æмæ йæ ралыг кодта. Лыджы бына- тыл уымæл сыджыт баныхæста. Ц&уы дарддæр. Донбылмæ куыд ныххæццæ, уый зонгæ дæр нæ бакодта. Рæсуг доны былæй бæрæгæй зынынц алыгъуызон дуртæ: саубын* æмдымбылтæ, урс дзæнхъафæрстæ, бур лæгъзгуыбынтæ... Стæм хатт се ’хсæнты æвзистцъар кæсаг фæцъелф кæны. Сослан сæм фæлæбуры, фæлæ никуы æмæ ницы: йæ къухы æмбуар асыллынг ласынц. Уый уæд йæ^мидбылты ба- худы, йæ> хуылыдз арм йæ къухмæрзæнæй асæрфы æмæ дарддæр кæны йæ фæндаг. Йæхицæн фæзæгъы, зæгъ- гæ, сæм нал февналдзынæн, фæлæ уæддæр цæугæ-цæ- уын йæ цæсты зул донмæ дары. Æтт, дæлæ та иу даргъ кæсаг зулмæ йæхи рауа- дзы. Нал та йæм фæлæууыд, февнæлдта йæм. Ацыхатт æй йæ армы фелвæста, цингæнгæ. Кæсаг ма, мæгуыр, цалдæр хатты атæлфыд, йæ дзых фæхæлиу-фæхæлиугæн- гæ. Сослан æм æдзынæг æркаст, стæй йæ фæстæмæ хуыдыммæ фехста. Йæ мидбылты та бахудт, йæ сæр банкъуыста æмæ кæсаджы фæдыл йæ къух ауыгъта. Бахæццæ скъоламæ. Бараст, йæ фырт кæм ахуыр кæны, уыцы къласмæ. Баййæфта дзы цалдæр лæджы æмæ усы. Салам сын радта, стæйфæсте, къуымы иу партæйыл æрбадт. Сывæллæтты ныййарджытæ ф’ылдæ- рæй-фьглдæр кæнынц. Куыдфæстагмæ партæтæ иууыл- дæр байдзаг сты. 89
Уæдмæ ахуыргæнæг дæр æрбацыди. Уый уыд æры- гон, къæсхуыртæарæзт чызг. Цыбыргомау, ставд быд -сау дзыккутæ йæ чъылдымыл бæрæгæй зындысты. Адæмы раз стъолы фарсмæ æрлæууыд. Йе стыр сау цæстытæ сыл ахаста æмæ сын уе ’зæр хорз, зæгъгæ, загъта фæлмæн хъæлæсæй. Уыдон, цыма скъоладзаутæ уыдысты, уыйау се ’ппæт дæр сыстадысты. Чызгасырх æмæ къласы журнал фæлдахынмæ фæци. Чызг йæ ахуыргæнинæгтæй кæй мыггаг сфæрсы, уы- мæн йæ хицæуттæй уым чи ис, уый сысты. Ахуыргæ- нæг ын бакæсы, ахуыры азы фыццаг цыппæрæм хайы йæ сывæллон цы нысæнттæ райста, уыдон. Стæй . цы- быртæй æрдзуры сабийæн йæ уагахастыл, йæ дарæсы кондыл, йæ миниуджытыл. ’ • Сдзырдта Зораты Иваны мыггаг ,æмæ ном дæр. Сос- лан сыстад. Йæ урсхæццæ сæры хъуынтæ фæстæмæ адаудта. Чызг æм куы фæкомкоммæ, уæд ноджы тынг- дæр асырх. Йæ даргь тъыфыл цæстыхаутæ, æфсæрм- дзæстæй, дæлæмæ æруагъта æмæ кæсы. — Зорайы фырт хорз ахуыр кæны. Алы предметæй дæр ын ис фондз. Æрмæст урокты рæстæджы æгæр сусу-бусугæнаг у. Арæх йæ дзыппы хæссы ццдæр æф- сæйнæгтæ, хырынкъа. Æгæрыстæмæй ма дзы йæ партæ- йыд.йæ номы фыццаг дамгъæ дæр скъахта. Сослан æрбадт. Тынг сæфсæрмы йæ фырты фыдуаг митæй. „Уæдæ уыцы „И* уый куыст у? Худинаг æмæ ^æрдиаг! Æз та ма абон директоры азымы дардтон, аф- тæмæй аххосджын нæхæдæг стæм. Абон дæр та йæ дзыппы нæ зæронд сахатæй уæлдай хырынкъа дæр уы- даида, —нынныгъуылд секретарь, цыма иууылдæр уы- мæ кастысты, уыйау. Ахуыр, хъомылады фæдыл раныхас крдтой цалдæр адæймаджы. Хастой адыгъуызон фæндæттæ, кодтой хицæн æмæ хицæн уынаффæтæ. " • Йослан дæр сыстад. Исдугмæ æнцад алæууыд, стæй азымджыны хъæлæсæй сдзырдта: 50
— Нæ лæппу ахæм фыдуаг ми кæй бакодта, уый у шх, йæ ныййарджыты аххос æмæ хатыр курын ахуыр- гæнджытæй дæр æмæ æппæт сывæллæтты ныййарджы- тæй дæр. Нæ рæдыд рараст кæндзыстæм, — стæй сы- быртт дæр нал скодта æмæ сбадт. ...Æмбырд фæци, Сослан араст сæхимæ. Йæ цæсты разæй та нал хицæн кæны ногарæзт партæйыл дамгъæ „Ии, йæ фырт, æмæч йæ сæр фæсмонгæнæджы тылд бакодта. Зæрæхсиды сырх пæлæз айтыгъдис Ирыстоны урс- сæр хæхты сæрмæ ирд арвыл. Секретарæн йæ зæрдыл -æрлæууыд, йæ кабинеты цы æрттиваг дуры къæртт . ныууагъта, уый. „Уæртæ, гъе, æвæццæгæн, уыцы тыз- мæг хæхтæй рахаудис. Чи зоны, нæ адæмы фидæн, сæ фæрныгад уыдон зæрдæйы ис\.. Хæхтæ йæм, цымк, абоны сæурайсомау, æгомыг нал кæсынц, фæлæ сты удæгас æмæ ныртæккæ семæ ныхас райдайдзæн. Рар- гом ын кæндзысты се ’мбæхст хæзнатæ... Бахæццæ сæ фатеры размæ. Гъаныр дуар бакæна, афтæ ма ирд арвмæ иу каст скодта æмæ дзы искæимæ дзурæгау сирвæзт: — Сæуæхсидæй ацыдтæн æмæ зæрæхсиды æрбаз- дæхтæн.
У*А*Ц*А*У*ТМЬ
МÆЙРУХСЫ Уазæгуаты Арф комы дымæджы машинаейæ æрхызтæн. Хуры ма,. фæсхох, йæ ныттулæн бынатмæ, хъуыдис æрмæст иу бæндæны бæрц. Фæлæ йæ сæрдыгон сау мигътæ æр- бамбæрзтой, зындис мз йæ сырх былы кæрон, стæй уый дæр цадæггай батары. Мæн цæуын хъуыд Туаты хъæумæ. Уый ис уæли- ау, къуылдымы сæр стыр фæзы. Уæвгæ, йæ зонгæ нæ кæнын, никуы ма дзы уыдтæн, фæлæ мын æй афтæ- бацамыдтой. Схæрд кодтон æмæ цæуын. Хæссинаг мæм ницы ис. Журналистмæ цы хъуамæ уа: дæлæмæ дæр æмæ уæ- лæмæ дæрфыссæнгæрзтæ.Æгæрыстæмæй мыл худ дæр нæй. Изæры уддзæф мын мæ даргъ сæры хъуынтæй хынджылæг скъæры. Мæ уадултæ мын дауы, цыма мыл цинтæ кæны. Боны тæвды фæстæ йæ уæздан сатæг базыртæ мæ дæллагхъуыртыл куы асæрфы, уæд мын* æхсызгон вæййы. Арв агъуынды, тарæй-тардæр фæлдæхы. Хохыйас мигъы рæгътæ, саудалынгæй, кæрæдзимæ лæсынц. Цы- дæр æлгъысты бындзытæ мæ алывæрсты, гуызгуызгæн- гæ, мæсты зилахар систой, лæбурынц мæм, хъыккаг куыйтау. Февзæрынц мæ хъусты, мæ къæбут мын фел- хыскъ кæнынц, куы та мæ ныхы фæйнæгыл сæхи аха- фынц. Сурын сæ мæ армытъæпæнæй, афтæмæй арвмæ скæс-скæс кæнын. Тæрсын, къæвда мæ куы æрыййафа. Тындзын. Хъæуæй иугай хæдзæртты хъуаритæ бæргæ разынд, фæлæ уæддæр нырма дард у.. .95.
О, о! Ставд , æртæхтæ æрхауд... Арв сырх къæдз- мæдзытæ аци, раст цыма йæ лыстæг тъæнгтæ фелхын- цъытæ сты. Æвиппайды къæвдайы сæхсæх азæлыд. Æз ныр цæугæ цал,фæлæ—згъоргæ. Дон ме ’фцæгготы лæ- дæрсы, мæ чъылдымы уайы. Мæ сæры хъуынтæ фæс- тæмæ адауын, цæмæй мæ цæстытæм ма суадæттæ кæ- ной. Мæ алывæрсты мæ цæст ахæссын, кæд истæй бын балæууин, фæлæ нæй, никуы дæр бæлас, никуы дæр — байбын. Размæ! Æрмæстдæр размæ! Куыддæриддæр уыдис, уæддæр хъæумæ бахæццæ дæн, мæ фæрстæ, хуымон галау, аппар-аппаргæнгæ. Æнæбахойгæйæ иу стыр кулдуар фегом кодтон/ Хæдза- ры балкъонæй мæ размæ æрхызт бæрзондгомау, сау- лагъз лæг. - * — Мидæмæ, мидæмæ, уазæг! Уаих. де знаг фæуа, исчи ма ахæм къæвдайы афтæ фистойнаджы хуы- .зæнæй цæуы! — цыма рагæй зонгæ уыдыстæм, уыйау сдзырдта фысым. Уайтагъд сæ балкъоны балæууыдтæн. Уæрæх тæрхæгмæ мын ацамыдта, æрбад, зæгъгæ. Мæ сæрыл мæ армытъæпæнтæ суагътон, мæ бæрзæй ■фындзы кæлмæрзæнæй адаудтон æмæ æрбадтæн. Уæд- ,мæ мын лæг, зæрондгомау, салдаттаг цинел рахаста: — Гъа, æфсымæр, уый уал дæ уæлæ æрбакæн, æн- дæра суазал уыдзынæ, фæрынчынæн дæр бирæ нæ .хъæуы. Райстон æй, мæ уæхсчытыл æй æрбаппæрстон: — Бузныг! Сæрдыгон къæвдайæ тас нæу, сойыхуы- зæн у. — О, хуымтæн, уыгæрдæнтæн-^ сой у, фæлæ а дæ-^ уæн та... — бахудт мæ фысым. ...Къæвда сабыргай банцад. Сыстадтæн æмæ алы- рдæмыты кæсын. Фысым ныллæг бандоныл бады æмæ .халамæрзæны дæндаг лæгъз кæны. Сæрхъæды ма цы иу дæндаджы бынат уыд, уым æй арæхстгай- æрхос- та дзæбугæй æмæ мæм æрбакаст: — Иу хатт, дам, иу профессор халамæрзæн;«федта ;9б
æмæ дисы бафтыд: куыд, зæгъ, ныссагъдæуыд ацы къæбæлтæ?..-— Стæй сыстад: * ^ * — Бахатыр уал кæн! Æз нæ сабиты рæвдауæндо- нæй æрбакæнон, æндæра нæ бинонтæ угæрдæны сты земæ... — Дæ хорзæхæй! Æрмæст мæн колхозы сæрдармæ ис хъуыддаг æмæ мын æй куы ацамониС... — Ма тыхс, ам уыдзæн уый дæр, фендзынæ йæ. Мæ зæрдæ фæкъæпп кодта: — Кæл, мыййаг, дæхæдæг дæ, уæд... Уый ницы сдзырдта. Йæ мидбылты бахудт æмæ ацыд. Æз даргъ балкъоны рацу-бацу кæнын. Мæнг • нæ фæзæгъынц: уазæг къуымты кæсаг у. Фæкомкоммæ дæн уаты фæйнæг къулмæ: йæ сæрæй йæ бынмæ у къран- дасæй фыстытæ. Æввахс сæм балæууыдтæн æмæ сæ кæсын: „Адæгтæм суг кæнынмæ цæуын. Кæрдзын-иу мын уырдæм рахæсс"... „Æрчъиаг баудай Мæ уæфстæ фегæмттæ сты\.. „Духъ фен æмæ куырой æндадзынмæ ныууайон"... „Хуыцаубоны колхозонтæ хуырæхсæдын- 4 мæ цæудзысты"... Дисы бахаудтæн... Адон хъомыл адæймаджы хъуы- дытæ сты. Стæй иууылдæр — иу къухфыст. Цы амонынц?.. Кæнæ сæ чи фæфыста?.. Æрбаздæхт мæ фысым. Дыууæ æмхуызон, фыры- хъул’ы хуызæн лæппуйæн хæчыд сæ фæйнæ къухыл. Сæ сау. цæстытæ мæм сзылдтой æмæ сдзырдтой æм- хъæл’æсæй. — Æгас цу, уазæг! Мидбылты худгæ сын мæ сæры батылдæй дзуапп ’ радтон æз дæр æмæ афарстон: — Фаззæттæ сты? Сæ фыд зæрдæбуцæй йæ сæр разыйы тылд бакодта. Лæппутæ халамæрзæньь сæрхъæдимæ архайынц. Сæ чысыл къухтæ йын йæ лæгъз буарыл расæрф-басæрф кæнынц. Йæ фидар цъуй дæндæгтæ йын зилынц, сси- вæгау æй пъолыл расæрфынц. п * 97
, Фысымæн къулмæ мæ цæстытæй ацамыдтон:,,. — Уазæг дзæгъæлдзых дæ вæййы, фаелæ адон. чие фæфыста-, кæй цæмæн хъуыдысты? Фысым йæ цæсгомы хуыз аивта. Иу. цасдæр рæстæ- джы цыдæр арф сагъæсты аныгъуылд. Уый дæр сæ„ цыма, фыццаг хатт уыны, уыйау сæм, нымдзаст: — О, фыстытæй зæгъыс. Уыдон диссæгтæ дардыл сты. Ахсæв дын сæ бæстон фæдзурдзынæн. Уазæг фысымы бар. у: ницыуая ын загътон, æр- мæст та сæ ногæй кæсын*. Цъус фæстæдæр кулдуарæй æрбахызтысты, сæ халамæрзæнтæ се4ккой, афтæмæй ус, иу дыууыназдзыд чызг æмæ, уымæй кæстæр чи уыдаид,^ ахæм стæвдтæ-, конд лæппу. Лæппуйæн йæ- къухы ис, æд зæнг кæй хтыдта, ахæм дыууæ хъоппæджы. Фаззæттæ, чысыл уæрыччытау, хъылдымтæгæнгæ сæ. размæ азгъорстой. Исдугмæ сæ мады фаеччйтыл ’атыхс- т&сты, стæй хъоппæджытæм сæхи баппæрстой. Лæппу хъоппаеджы зæнг уæлæмæ сдардта: — Нæ, афтæ, нæ! Сгаёпп кæнут æмæ сæм чи схауа, уый фæуæнт. Уыдон сæхи фæныллæг кæнынц, хъан- дзæлттыл лаеууæгау, хæрдмæ ф’æхауынц, фæлæ та уый хъоппæджытыл уæлдæр схæцы. Сæ мад сæм бакæсы, йæ халамæрзæн дæлбазыр æфс- найгæйæ: — Ма сæ мæстæй мар,—ын загъта æмæ асиныл скъахдзæф кодта, йе стыр дзыккуйы быд галиуæрдæм фæдзой йæ хуылыдз фæсонтыл... . ... Фæсахсæвæр мæ фысым Алæджимæ хуыссæм балкъоны тæрхæгыл кæрæдзимæ дæрддзæфгомау. Фæс- къæвда арв дзæнхъирд ньщци: Уæлдæф — сыгъдæг, æлу- тон. Бæстæ — сабыр, сойнуæзтау. Мæй цæлхыдзагæй стылД арвы цъæх денджызьк Афтæ рухс у, æмæ судзины бын фæдзæл дæр акæн. , , . •. '98
Уæлгоммæ ’ хуысгæйæ та мæ цæст къулы сау фыс~ тытыл аныдзæвд. Мæ фарсыл æрзылдтæн æмæмæ фы-? сыммæ бадзырдтон: - - — Уæлæ мын уыдон тыххæй радзуринаг куы уыдтæ... Уый йæ бынаты базмæлыд. Рабадт йæ хуыссæньи Исдуг къулмæ фæкаст, стæй фæстæмæ йæхи æруагъта æмæ мын фæдзырдта, сæ къулыл цы фыстытæ уыд„ уыдон сусæгдзинад, уыдон диссæгтæ. Къæрæмис Фыййæуттæ сæ фос æхсæвуæттæм тæлæт кæнынц, Сылгоймæгтæ се зæры зылдтытыл скъуымбил сты. Кæр- тытæй райхъуыст æфсæст стурты нæтын, сæгътæ æмæ фысты пыррыччытæ. Годжыкъахджын цъысцъысæгтæ хъæугæрæттæй уасынц. Туаты Тауче фермæйы йæ хъуццытæ дыръд- • фæци, æхсыртæ бабæстон кодта æмæ ныр атындзыдта, сæ сьь хаг зæронд ус Мамионтæм, хæдзары сæм смидæг,-дыу-? уæ донгарз бедраимæ рахызт. Йе счъцлдыс рахиз цонгыл сæ акодта æмæ дæлбазырæй к/ьæрæмис райста. Æдзынæг æм кæсы. Авгау лæгъз æрдьщæг- кæддæр ног арæзтæй урс-урсид уыдис, фæлæ-ныр чысыл фæг мыдгъуыз. Ацы æгомыг мигæнæн Тау^е, алы хцтт дæр йæ къухмæ тынг æхсызгонæй. рай.сы.мБирæ цыдæртæ йын радзуры, йæ зæрдыл ын бирф æхцон .æнкъарæнтæ æрæфтауы... _ # • Æртæ азы размæ мæнæ ам, хæдзары рах^зæны, Ма-* мионы иунæг фырт Алæг арæзта ацы <къ,æрземис, Лæгъ- зытæ йæ кодта авджы цъæлæй. Сæрфгæ-сæрфын ;йæ къух куыд змæлыд, афтæ йæ фæтээн . ныхыл ^ дыууæр- дæм кодта йæ сау сæры хъуыны ,æгæнон бындзыг дæр. Кæм алæгъз кæны, уым бафу кæны, йæ уырзтæ йыл æрп хæссы, стæй ног авджы састаг сисы æмæ та йæ дыууæ- рдæм радав-бадав райдайы.- Йæ бецыччы бындзыг æгæр 99
тагъд куы сызмæлы, уæд æй схъыдзыйау кæны. Лæп- пу йыл йæ даргъ æнгуылдзæй уæлæмæ схæцы, йæ сæ- рыл æй æрнæмæгау кæны. , Тауче æмæ йæм сæ сыхæгты ’лæппу Дадо рацыдыс- ты, сæ чингуытæ сæ къухы, афтæмæй. Се 4ртæйæн дæр ма" райсом фæстаг экзаментæ ис, стæй хæрзбон зæгъ- дзысты астæуккаг скъолайæн. Истæмæты ма хъуамæ æркæсой, сæхи бацæттæ кæной. Алæджы къæрæмисаразгæ куы раййæфтой, уæд Дадо, алы хаттау, йæ къуылых къахп уæз иннæмæ фесхуыста æмæ сдзырдта: - — Райсом нæ дæс азы фыдæбонæн кæронбæттæн кæнæм, уый та æндæр хъуыддæгтыл сбукъ, — æмæ базарыд: Зæг.ъ-ма йын, исты, Тауче, О, хъуымбылдзыкку, сау рæсугъд... , — Нæ, фæлæ дæ мад къæрæмисæй хæссын куынæ зоны, уæд дзы цы кæныс?— йæ цæсты хаутæ кæрæ- дзимæ >æрæввахскæнгæ йæм кæлæнкаст бакодта чызг. Мадзура Алæг сæ цыма нæ дæр хъусгæ фæкодта, нæ дæр уынгæ, уыйау дарддæр архайы. „Ныггомыг та. Ск-ьолайы дæр ма афтæ ныкъкъуыд- ты вæййы",— йæхимидæг дзырдта Тауче æмæ йæм æв- вахсдæр балæууыд. Алæг æрæджиау йæ астæу сраст кодта, йе стыр цæстытæ сæм сзылдта: — Æмæ мыггагмæ гыцци хæсдзæн дон?.. — йæхæдæг къæрæмис йæ къухы æрзылдта æмæ Таучемæ бакаст: — Гъа-ма, фен æй! Сыфтæры уæз дæр нæ кæны, сыфтæры. Дадо иуæрдæм фæчиудта: — Æмæ йæ уымæ цæмæ дæттыс? Æви дзы дæумæ гæсгæ: I Тауче хæсдзæн уазал дон Алæгты хæдзармæ... 100
Таучейæ ахæм ныхæстæм къæрттæй-цъулайæ ни- цы хауд! Иугай бирæгътæ, кæй бахордтаиккой, ахæм нæ уыд, фæлæ’ ацы хатт йæ тымбыл цæсгом фæсырх, йе ’хсæвы тары хуызæн цæстытæй æхсидæвтæ асхъиуд- та, Къæрæмис æй цыма судзгæ акодта, уыйау æй йæ хицаумæ баппæрста. Хорзау нал фæци æнæуи дæр æфсæрмдзæстыг Алæг. Сабыргай йæ систа, йе ’мбæлттæм ма къæсæр- гæронæй иу каст фæкодта, стæй хæдзармæ бахызт. Чызг Дадомæ цахæмдæр азымдарæджы цæстытæ ба- зылдта. Йæ сæр цæхгæр тæргайы зылд фæкодта. Йе ставд дзыкку иуæрдæм фæдзой, афтæмæй тагъд къах- дзæфтæй сæхирдæм фæраст... Ныр æппæт уыцы хабæрттæ Таучейы зæрдыл æрлæу- уыдысты æмæ цыма ацы къæрæмис фыццаг хатт уыны, / уый каст æм кæны. Мæнæ та йыл цыма Алæг фу кæ- ны йæ рæсугъд тæнæг былтæй. Йæ лыстæг фындзы бын цы чысыл тæнмилтæ фæхæцыд, уыдон сæхимидæг .. базмæлынц. ...„Цымæ ныр кæм ис. Цалдæр мæйы иу писмойы гæб’аз нал æрвиты. Уæдæ йыл кæд исты æрцыд, уæд... Цал æмæ цалæн æрцыд сæ сау гæххæттытæ... æви йæ фыссынмæ æвдæлгæ нæ кæны...** — сагъæс кæны чызг нырма йæ мидбынаты лæугæйæ. . — Сыфтæры уæз дæр нæ кæны, сыфтæры! — æваст. азæлыд’ Таучейы хъусты зонгæ хъæлæс. Уалынмæ, цы- ма, æвиппайды зæххы скъуыдæй февзæрд, уыйау йæ цуры алæууыд Дадо. Пъæртт кæны схъæл тыхт бапъи- рос. Йæ зарын та йæ разæй фæци: Къæрæмис райста Тауче^ Сау суадонмæ цæудзæни... Чызг æм иу æхсткаст фæкодта, стæй йæ бырынкъ акъуырдта, йæ дзыккуйы быд иуæрдæм фæзæбул 101
æмæ донмæ ф’æраст. Цалдæр къахдзæфы куы акодта, уæдфæстæмæ ф&зылд æмæ афтæ: -/ — Бæгуыдæр, сыфтæры уæз нæ кæны мæнæн æд бед- ратæ дæр... — стæй ма нымæгхъæлæсæй, цæугæ-цæуын йæхицæн загъта: „Иу писмойы гæбаз ма дзы куы рай- син æмæ мын дæ сæр дæр..." / Дадо йæ фехъуыста æмæ йæм фæстийæ ахъæр кодта: . • — Хорз уыд, уæддæр „дæ къуылых сæр" кæй нæ загътай. Фæлæ .æнцад куы уаис, науæд дæ Алаег мæныл ныффæдзæхста æмæ дæ иу мæйдар æхсæв а лæппу ис- кæй фыццаг.., Тауче ныххудти: — Исты дæ куы айхъуысид... Ацу, ныхæстыл та мæ’ фæкодтай, æвзæр! • Дадо тамакойы фæздæг арф ныуулæфыд æмæ чыз- джы фæдыл æдзынæг кæсгæйæ баззад. Суанг сабийы бонгæй фæстæмæ иумæ рæзтысты, иумæ ахуыр кодтой. Фæетаг къласты лæппумæ цыдæр æнкъарæнтæ фæзынд. Æфсæрмы дæр-иу сæ фæци, цыма ахæм æнæуæндаг у. Хатт-иу дзы цы’дæр æмбарæн ныхæстæ дæр сирвæзт. Ахæм ’рæстæд’жы-иу æй къæйных, дзырдарæхст чызг, хъазгæмхасæнты’, афтæ æрзылдта, ныхас-иу æндæрæр- дæм а’фтæ асуйтаэ кодта æмæ ацу базон: ’цы ис йæ зæрдæйы, цы йæ фæнды... Гъе, фæл’æ Дадойы ныфс никуы саст: абон уа, æви райсом, уæддæр хъуамæ Туаты сиахс бауа. Чысыл къуылых у, уый ницы давы. Уæдæ йæ чызджы фыд, сæ колхозы сæрдар Садуллæ дæр æнæуарзгæ нæу. Фермæгæс æй дзæгъæлы нæ баурæдта. Араех ын хæлар- зæрдæйæ фæзæгъы: — Цырд фæлæу, мæ хур! А хъæуы ма куыстхъом нæлгоймаджы мыггагæй æз æмæ ды баззадыстæм. Лæ- джы сæр нæ бахъуыд. Науæд рæхджы нæ фæсивæд уæлахизæй æрыздæхдзысты æмæ нæ æдзæллагæй куы æрыййафой, уæд худинаджы бын фæуыдзыстæм, фын- гыл нын нуазæн ничиуал авæрдзæн. 102
’ Тауче йæ йæхæдæг дæ’р цæмæй хъуамæ бафауа? Кафаг, зараг, хъæлдзæг, дзырдарæхст лæппу. Уæдæ Дадо астæуккаг скъола дæр хорзæй каст фæци. Ацы ^æлгъысты хæст, уый йедтæмæ йыл кæцыфæнды инсти- -тут дæр йæхи нæ атигъ кæнид. Æрмæст иу сагъæс æхсыдта Дадойы зæрдæ... Тауче- .иу кæцыфæнды лæппуйæ дæр хъазæнхъул акодта. Чи . йæ нæ фæзоны, уый ма йæхи цы фæкæна, уымæн дæр ницыуал фæхаты. Фæлæ-иу æм Алæг дзургæ нæ, фæлæ комкоммæ дæр куы бакаст, уæд-иу цыдæр фæци йæ сарат æвзаг, сыбыртт-иу нал бафæрæзта. Йæхимидæг-иу нынныгъуылæгау кодта. Ацы хаоарыл Дадо рагæй мæты .хай фæци. — Уарзгæ кæной, æмæ?.. Ныр хъуыддаг фæстагмæ цыма бамбæрста... Уæдæ Тауче алы бон, хъæуы иннæ чызджытæй хъауджыдæр, -Алæджы мадæн цæмæн лæггад кæны. Науæд ын ^ ацы къæрæмис цы бавдыста, цы йæм нымдзаст вæййы?.. Нæ, счызг æй æнæмæнг улрзы. Цымæ йæ лæппу дæр уарзы? Æмæ йæ уæд Дадо куыд никуы рахатыд? Уæвгæ, Алæг ахæм уæззау зонды :хицау у, æмæ йæ ацу æмæ рахат... Кæд афтæ у, уæд ^æмгары сæрты æхизын мæнгард хъуыддаг у. Уæлдай .дæр уый хæсты быдыры ис... Ахæм хъуыдытæ ахсынц Дадойы зæрдæ. Фæлæ та уайтагъд æндæрæрдæм фæ- зылд... „...Æмæ цы? Уадз æмæ йæ уарзæд. Алæг хорз лæп- иу у, фæлæ кæм ис? Ныр дзы хабар ■ кæдæй нырмæ нал хъуысы. Зынг зæгъынæй ком нæ судзы, фæлæ .хæст хæст у æмæ цæмæй зоны... Науæд дзæбæхæй ^æрыздæхæд. Тауче йын исты куырдуаты куынæ ис. Нæ, нæ, Дадо, сæр дæ б’ахъуыд. Æгъгъæд фод хъазгæмха- сæн æмбарæн ныхæстæн. Мæ хо раст зæгъы: лæгæй, дам, хъуамæ лæджы тæф цæуа... Уыцы чызг, дам, хъуа- :мæ мачердæм аирвæза... Нæ, фæлæ Тауче цыма мæн бынтон нæ уарзы... -Уый уырнинаг нæу. Лæг кæй уарза, уый зæрдæ иу 103
чысыл мачердыгæй агайа, уый гæнæн нæй. Уæддæр дзы кæмдæр цыдæр æхсызгон зæрин тæпп ферттивы',. фæтæлфы æмæ ууыл, фæнычы нуæрст зынгау, хъæуы фу кæнын, цæмæй дзы цырын арт ссудза... Писмо Тауче йæ хъуццытæ дыгъд раджы фæци. Ныр сыш мæнæ хъæумæ ’ввахс фермæйы уæрæх кæрты сæ бын- тæ сæрфы æрдæгихсыд бæрз уисойæ. Рæстæгæй-рæстæгмæ Дæлæсыхмæ, Мамионты хæдза- ры размæ, йæ цæст адары, стæй та йæ къуыдыр уи- соимæ арæуæг вæййы бæгъæмвад къахæй. Уæдмæ хъæу- гæронæй разынд Алæг. Йæ алывæрсты цыдысты йæ^ мад æмæ хъæубæстæй чидæртæ. Алæг æрлæууыд. Нал сæ уадзы дарддæр йемæ* цæуын. — Аздæхут, æгъгъæд у. Хорзæй баззайут! — Æмæ* йæ мады дондзаст, мæтæйдзаг цæстытæм æдзынæг ба- каст. Ус йæхи фæфидар кодта, йе ’рфгуытæ айтынг сты,. æгæрыстæмæй, чысыл йæ мидбылты дæр бахудæгау кодта: — Хорзыл амбæл, мæ хъæбул. Лæгты дзуар дæ ра- хиз фæрсты цæуæд... — æмæ ,иу дзæвгар дзурын ницы- уал сфæрæзта, стæй ма афтæ бакодта: — Дæхимæ кæс, мæ зæрдиаг. А дунейыл ма дæ ныф- сæй мæ къæхтыл цæуын. Дæ фыды хъысмæтæй дæ а бæсты дзуæрттæ бахизæнт, — фæндыд ма йæ чысыл йæ~ фыртимæ ауайын, фæлæ йе ’мбал устытæй фефсæрмы. — Гыцци, дæ зæрдæ мæм ма *хсайæд. Ныр мæ фыд хæсты быдыры фæмард æмæ æз дæр хъуамæ... Æз. æнæмæнг æрыздæхдзынæн, æрмæст мын уæдмæ фидар^ лæуу. Мауал рынчынтæ -кæн, — загъта лæппу æмæ даргъ. къахдзæфтæй араст. 104
Дадо уæддæр не ’рлæууыд, йæ фæрсты чиугæ цы- ди, хаста йын йæ рифтæгтæ. Цæугæ-цæуын ^æм хæлæг- гæнæджы цæстæй бакæсы: — Тæхудиаг дæ, Алæг, знон районы æртыккаг хатт уыдтæн, фæлæ нæй! Къамисар нæ разы кæны. Нæ фæ- сивæд иууылæр тохмæ ацыдысты, æз та ам...— уын- гæг хъæлæсæй азымы дардта йæ хъысмæты, мæгуыр. Алæг ын фæтæригъæд кодта. Æрлæууыд æмæ йын афтæ: — Дзæгъæлы дæ фындз æруагътай. Иууыл хæстмæ. куы ацæуæм, уæд ма ньш ам хуым, та чи кæндзæн. Æфсады хæринаг нæ хъæуы?! Уый бæсты-иу мæм пис- мотæ арæх фысс. Мæ мадмæ мæ зæрдæ æхсайдзæн, — æмæ йæ рифтæгтæм бавнæлдта: — Лæу! Хорзæй баззай! Дадо йæ мидбынат, сагъдау, лæууыд, стæй иуырдæм фæуæз кодта æмæ йæ фæдыл адзырдта: — Æмæ дæ мады йедтæмæ æндæр дæ зæрдæ никæ- мæ ’хсайдзæн!.. Алæг æм фæзылд, йæ мидбылты фæхудт æмæ йæм йæ амонæн æнгуылдзæй бартхъирæн кодта... Сæ куыда Мила йæ фæрсты згъоры фæлмæн сæпп-сæппгæнгæ. Стæм хатт йæ къуыбыр хъустæ фæстæмæ фесхойы, йæ хицауы цæстытæм скæсы æмæ гæзæмæ бахудæгау ’кæны. , Алæг æрбаввахс фермæйы кæртмæ. Фæстæмæ ма иу каст фæкодта, фæлæ йæ чи рафæндараст кодта, уыдо- нæй никæйуал суыдта. Бахæццæ æмбонды цурмæ æмæ- йыл банцой кодта! Тауче йæ мæрзгæ-мæрзын цæстызу- лæй фæхатыд, фæлæ йæхи æнæуынæг скодта æмæ дард- дæр архайдта, Лæппу мадзурайæ лæууы æмæ йæм мидæмæ кæсы. Чысыл фалдæр нæууыл Мила йæ фæстаг æрдæгыл йæ- хи æруагъта, йæ цæстытæ æрцъындгомау сты. Уæртæ кæрты ногмарзт зæхбыныл чызджы къуыдыр къахы фæдтæ — кæм арфдæр, кæм — уæлæнгайдæр, йæ 105
дзыкку йæ раздарæны ронимæ йæ астæуыл æнгом æр- батыхта, цæмæй йæ кусгæ-кусын ’ ма хъыг дара. Ацы * сау дзыкку ма цыбыр куы уыди, уæд ын æй АлæгцаЛ’ хатты райвæзта куы къласы, куы уынджы. Ахæм рæс- тæджы-иу ын къæйных чызг йæ къухы уæлæрттæ ра- лоцъи кодта. Æгас къласы лæппутæй чи уæндыд Алæ- джы йедтæмæ фæныхилын! Фæлæ дзы фæстаг дыууæ •азы Алæг дæр цæйдæр тыххæй йæхи хызта. Ома дзы тæрсын миййаг нæ райдыдта, фæлæ се ’хсаен цыдæр -æнæзонгæ, æнæхатгæ ахастытæ сæвзæрд. Кæрæдзийыл куы сæмбæлынц, уæд фефсæрмы вæййынц... О, æмæ ма, а лæппу рагæй дæр дзырдæмхиц нæу, фæлæ йе чвзаг, сæрдасæнау, дасгæ кæмæн кæны, уыцы Тауче дæр бандзыгау вæййы, цъæхтæ-буртæ райдайы... Гъе, æмæ ныр мæнæ Алæг рараст. Чи йæ зоны, фæ- цу æмæ йыи æрцуйы фæндаг у, æви... Фендзæн ма йæ искуы?.. Чызг йæ уисоимæ тынгдæр срæуæг, æ1Лбонд- гæрон лæууæджы „нæ уыны"... Йæ алы дзырд дæр аркъауæй ласын кæмæн хъæуы, уыцы уæззау Алæг ацы хатт йæхи нал баурæдта. Кæрты зæхбынмæ нЪгккаст æмæ бадзырдта: — Тауче, адон цæй фæдтæ сты? Дысон уын уæ- хьоммæ сырд ма фæлæбурæд... Чызг йæ астæу сраст кодта. Йæ цъæх раздарæны кæронæй йæ ныхы хид асæрфта: - — О, базыдтай йæ, усбирæгъы фæдтæ... — Уымæн ницы у, чызгбирæгъ ма уæд,уый йедтæ- :мæ... — æнæхудгæйæ загъта лæппу. Чызг, хингастгæнгæ, йæ цурмæ æрбацыд æмæ ныл- лæг хъæлæсæй бадзырдта: — Уæдæ рафæндараст дæ? — стæй йæ гом къæхтæм æркаст: — цы хуызæнæй мæ æрбаййæфтай? ; Алæджы цæстытæ ферттывтой. Йæ фындзы бын тæнæг милтæ фæйнæрдæм айтынг сты, фæлæ æххæст 4 нæ’ бахудти: — Уæллæй, цы хуызæнфæнды уай, уæддæр дæуæй 106
рæсугъддæр арвы бын чызг нæй, — сдзырдта лæппу, фæйнæрдæм йæ цæст ахаста, стæй йыл æмбондгæрон- мæ йæ домбай цонг æрбатыхта. --• Уый фенгæйæ, Мила ф)естад, уайтагъд йæ хицауы цур алæууыд, схъысхъыс кодта æмæ йæм скаст. Чызг исдугмæ фергъуыйау: „Чи, чи, фæлæ Алæг афтæ куыд бауæндыд", — дис ыл бафтыд æмæ йæхи асæрибар кодта: . — Нæ хъæуы... Уæд та исчи...—йæ тымбыл уадултæ сырх афæлдæхтысты. Сыбыртт дæр сæ ничиуал кæны. Алчи дæр сæ йæхи сагъæсы малы аирвæзт. Сæ тæккæ цур, æмбонды бын, æртæхдзаст дидиныл мыдыбындз йæ базыртæ ныттыгъ- та æмæ бæзджын гуывгуыв кæны, фæлæ йæ, æвæццæ- гæн, нæ хъусынц... Æрæджиау Алæг æмбондæй фæиппæрд: — Цæй, хорзæй баззай! Чызг йæ раздарæны дзыппы йæ къух фæтъыста. Систа дзы чырынтæ тетрады сыфы цыдæр тыхт æмæ йæ Алæгмæ балæвæрдта: — Ръа, мæ номыл æй ахæсс. — Æмæ дын^æз та цы балæвар кæнон? — Тыхтон райхæлдта: урс зæлдаг къухмæрзæн, æдзынæг æм æр- ’каст. — Ды? — ахъуыды кодта Тауче, — зæгъон дын æй? Лæппу йæ сæр банкъуыста. Йæ урснымæтын худы фæччи дæр дæлæмæ-уæлæмæ фесчъил-фесчъил систа, цыма, уый дæр дзырдта: „о, зæгъ æй, зæгъи... — Дæ къæрæмис мын балæвар кæн.1 Дон дзы цал хатты ^æссон, уал хатты...1 — Хорз! Уæдæ цалынмæ фæстæмæ здæхон, уæдмæ дын мæ зæронд мад дæр йемæ лæвар. Куы йæ зоныс, Гыццийæн йæ сæр риссаг у æмæ... —Йæ фæстаг ны- хæстæ бæрæг æнкъард æмæ фæлмæндæрæй райхъуыс- тысты„. — Хæрз райсом рау! —- æмæ араст. Мила йæ фæрсты азгъордта, йæ къуди тилгæ. 107
Тауче æмбондыл æнцой кодта æмæ Алæджы фæстæ\ каст кæуындзастæй, цалынмæ къуылдымы аууон фæци„ уæдмæ. Арф ныуулæфыд, фæстæмæ разылд æмæ æнæрхъуыдыйæ сфæлхатт кодта: „Куы йæ зоныс, гыц- цийæн йæ сæр риссаг уа... Кæртæй рахызт. Дæлæ \Мила былыл хуыссы, йæ сæр йæ дыууæ раззаг дзæмбыйыл æрывæрдта, афтæ- мæй. Чызг æм фæсидт. Уый иу каст æрбакодта æн- къард цæстытæй æмæ та йæ сæр фæстæмæ æрыппæрста... Тауче йæ тæккæ цурмæ бацыд. Йæ цыбыр æн- гуылдзтæй йæ æрлæгъзытæ кодта, стæй йæ фарсмæ слæууыд æмæ сæ дыууæ дæр коммæ, фæндагмае сæ цæстытæ ныццавтой. Гъе, æмæ, æппæт ацы хабæрттæ ныр Таучейы зæр- дыл æрлæууыдысты, суадонæй дыууæ бедрайы ^ъæрæ- мисы кæрæттыл ауыгъдæй рацæйхæсгæйæ. Изæрмилтæ кодта, афтæ сæ балкъоныл æрæвæрдта. Къæрæмис йæ бынаты сауыгъта æмæ хæдзармæ бахызт. Мамионы æх- сыр фæрсудзгæ баййæфта. — Æу хæрзныхы дзуар фæхæссай, кæд дын мах дæ лæггæдтæ доньГ был дæр нал бафидæм, — сдзырдта ус лæмæгъ хъæлæсæй æмæ йæ лыстæг астæу сраст кодта. Тауче йæм цицы сдзырдта, æрмæст цæхгæр фæзылд, къуымæй ахсæндоны чъыбыла раскъæфта ^æмæ йын æй йæ цуры авæрдта. Ус йæ урс дадалийы бындзыг йæ хъусы фæстæмæ бассыдта, ахсæндон даргъхъæд къозийæ дыууæ хатты ^сыстыдта, стæй дзы къæртайыдзаг æхсырыл ауагъта: . — Чысыл уал æрбад, дæ сæрыл хаст æрбауон, — бакаст чызгмæ. (Тауче бадгæ нæ, фæлæ, ахсæндон, кæцæй рахаста^ уырдæм фæдавта. Ус йæ’ дæрдджын, сау раздарæны 108
кæронæй йæ къухтæ асæрфта æмæ гуыбыр-гуыбыр къуыммæ ,бараст. Чырыны дуар бакодта, дзаумæтты бын йæ лыстæг цонг ауагъта æмæ дзы сласта æртæтигъон конверт. Ризгæ къухаей йæ чызгмæ балæвæрдта: — Дæ нывонд мæ фæкæнай, уыцы лæппумæ ма ацы адресыл иу хатт писмо куы ныффыссиккам. -Чи зоны йæм, айразмæ кæй арвыстам, уыдон нæ ’фæхæццæ сты. Тауче писмо райхæлдта. Мæнæ, 1"ъе, Алæджы къух- фыст. Йæ хъæрнывтæ, æфсæддонтау, æмраст лæууынц. ’ Ныр цал хатты федта ацы пиСмо! Сæрæй кæронмæ йæ , æнæкæсгæйæ базыдта. Уæлдайдæр дæлæ уыцы дзырд- тæ: „Садуллæты бинднтæн уæлдай зæрдиаг салæмттæ. Тауче ма сын хъугдуцæгæй кусы?\.. Чызг йæ мидбыл- ты бахудт: „Цыма йæм мæхæдæг нæ фыстон... ай дæр фæдсафæнтæ, зоны, гъеа... —Тыцци, æвæццаегæн, Алæг, ацы писмо кæцæй рар- * выста, уым нал ис. Хæст афтæ у, æмæ салдæттæ абон ам сты, райсом — æндæр ран. Дæ писмотæ дæр ыл уы- мæн нæ сæмбæлынц. — О, ибон мын Дадо дæр афтæ загъта, фæлæ уæд йæхæдæг та цæуылнæ фыссы, йæхæдæг, мæ иунæг, йæ сæрвæлтау фæуон? — Уым дæр диссагæй ницы ис! Фыссынмæ сæ кæм зевдæлы! Кæнæ йæм бахъуыды сахат фыссæнгæрзтæ дæр кæцæй уыдзæн? . Сæ дыууæ дæр иудзæвгар ныхъхъус сты. Къуымæй хъуысы цыдæр уырынгоны иугъæдон цъæхснаг цъипп- цъипп... Мамнон йæ мидбынаты базмæлыд. Йæ тæнæг былтæ чъирифыссæнæй ссывды хуызæн акодта æмæ йæ фæлм- «æмбæрзт цæстытæ чызгмæ базылдта: — Дæ нывонд мæ фæкæнай, йæхи тыххæй дзы цы фыста, уый ма мын ногæй бакæс. Тауяе гæххæтмæ йæ цæстытæ æфсоны дард æркод- та æмæ йын дзуры: „Мæнмæ дæ зæрдæ ма ’хсайæд. Маехи, танг .дзæбæх хатын. Бырсæм размæ\.. 109
* — О, о, афтæ, афтæ, мæрдырох мыл бафта. Фæ- лæу, ироны кой ма дзы цыдæр куы уыдис... Чызг йæ мидбылты бахудт: — Гыцци, дæхæдæг æй æнæкæсгæйæ куы зоныс... куыннæ, куыннæ. Мæнæ, гъе: „Иу хъæбатыр хæстон цæ- мæ арæхсы тохы быдыры, уымæ арæхсы ирон лæппу дæр\.. Ус ницыуал дзуры, æрмæст йæ цæсты бын арф хах* хы тыбар-тыбур кæны мады хъарм цæссыг?.. Дызæрдыггаг уайдзæф Уагуадзынафон. Садуллæ ма фæстаг уис æрхаста, схæй йæ цæвæг кæрдæджы гуцъулайæ ныссæрфта æмæ йæ бæзджын уисы бын бакодта. Бафæзмыдтой йæ ин- нæ хосдзæуттæ дæр. Садуллæ ма сæ бонгæрстмæ иу каст скодта: „Кæй бакуыстам — хæдзарыл хæцгæ!"— загъта æмæ рараст, йе ’мбæлттæ — йæ фæдыл. Угæрдæнæй фæндагмæ куы æрхызтысты, уæд Садул-* лæ фæлæууыд æмæ афтæ: — Лæппутæ, æз дарæнмæ суайон. Нæ фос абæрæг’ кæнон, нæ фермæйы хъуыддæгтæ, нæ хъуццыты донхъ. Æхсæвыцъæхæй ам уыдзынæн, кæд нын сом изæрмæ- карст фæуид. — Саду, кæд сæ абæрæджы йедтæмæ ницы хъæуы, уæд дæ бæсты æз бауайдзынæн, — сдзырдта фæллад- гъуызæй хæрз æрыгон лæппу. — Нæ, нæ, уæ рынтæ ахæрон, мæхæдæг хъуамæ суайон, — загъта Садуллæ, йе ’рчъитæ йæ ронбасты æр- сагъта æмæ дарæнырдæм араст. ■ Зæронд, уæвгæйæ, зивæг ницæмæ кæны. Æлвæст лæг. Бакæс æм, конд у æрмæст сыгъдæг нуæрттæй. Йе ;хсай фондз азы йыл цыма бынтондæр ницы уæз кæ- нынц, ахæм цыд кæны. Йæ цæрæнбонты, рынчын цы у* уыйæи ницы зоны. Æцæг, йæ фырты сау гæххæтт куы МО
æрцыд, уæдæй нырмæ йæ зæрдæйæ арæх фæтыхсы. Уæвгæ, дзургæ кæнæ хъæрзгæ нæ фæкæны, фæлæ ахæм рæстæджы йæ галиу бæрцуатыл йæ дæрзæг къух авæры. Кæддæр ын дохтыртæ амыдтой, зæгъгæ, уæ цæрæн- уат бæрзонд у æмæ быдырмæ, науæд горæтмæ аив. —Уæллæй, мæ райгуырæн хæхбæстæй мæ цы зæрдæ фæхицæн кæна, уый мæн ницæмæн хъæуы, — йе ’взист хъамайы фистонмæ, фæндыры тæнтыл- амонæгау, йе ’нгуылдзтæ æруагъта æмæ рафардæг рынчындонæй. Гъе, фæлæ йын зæрдæниз уæддæр йæхи æрхъуыды кæнын кæны. Кæс-ма йæм уæртæ ныр дæр: дарæны’ хæрды цæугæйæ, уæргъулæфт акæны. Дард афæлгæсы йæ райгуырæн хæхтæ æмæ кæмттыл. Йе фондз къухау сын зоны сæ алы дур, сæ алы хъæд. Йæ цæстытæ йын бабæтт, уæддæр алы суадоны дæр йæ дыгъал-дыгъулæй базондзæн. Зоны алы дидинæджы тæф, алы маргъы цъыбар-цъыбур. Чи зоны йæ бирæ фыдæбæттæ дæр нæ басастаик^ кой. Зын бонты-иу иу хатт кæд, фæринк кардау, фæ- тасыд, уæддæр та«иу ныззæлланг кодта æмæ йæ бынаты абадт. Фæлæ ацы хæсты райдианæй фæстæмæ тынп фæцудыдта., Йæ зæнæджы хистæртæ — дыууæ лæппуйы>' раджы бахызтысты сау мæрмæ. Сæ иуы, дыууынæм азыу. фалæмæ лидзгæйæ, тулгæ дур сæрсæфæнæй нывзылд-. та, иннæта чысылæй, йæ къахыл цæуынхъом куы фæ- ци, уæд’бабын. Йæ ныфсы мæсыг ма уыд йе 4ртыккаг фырт, фæлæ уымæй дæр æнæдарæг фæци: фарон æр- цыд йæ сау гæххæтт. Йæ иузæрдыг цардæмбал уыцы уæззау цæф нал баурæдта. Æррынчын, æнæхъæн æртæ. мæйы йæ сæр уатæй нал систа, стæй йæ зынгхуыст хъæбулты баййæфта... Чи ма ис Садуллæйæн? Иунæг Тауче, стæй йæ идæдз чындз. Йæхи хъæбулыйас æй уарзьт. Йæ фырты ацыды фæстæ йын авд мæймæ фыры хъулы хуызæн лæппу ныййардта. Гъе, æмæ ма йы’н цыдæр рухсы цъыртт ныддардта йæ зæронд зæрдæмæ. ш
Йæхи сывæллæттæ-иу цалынмæ къахæй цæуынхъом фесты, уæдмæ-иу сæм зулмæ дæр никуы бакаст. Ныр ацы сабийы авдæны уæлхъус йæ зонгуытыл æрлæууы, æввахс ын йæ цæстытæм ныккæсы, бахуды йæм йæ их- сыд дæндæгты æхсæнты: —Садуйы лæггаг кæм ис? Кæм ис мæ царды уидаг? — Чысыл Герсан дæр йæ былтæ фæзыхъхъыр кæны, йæ мидбынат стæлфы. Йæ чысыл цæстытæ цинæрттывд фæкæнынц. Цыдæртæ сдыгъал-дыгъул кæны. Йæ был- тыл тæнцъар сæты рæсуг пурти абады. Стæй йæ нарст къух хъæццулы бынæй раласы æмæ йын дзы * йæ ур’с зачъе æривазы. Лæг фырæхсызгонæй йæ цæстытæ бацъынд кæны, йæ сæр гæзæмæ батилы: — Суадз мæ, дæ мæрдтæ... суадз мæ... — Сывæллон худæгæй бакъæцæл вæййы æмæ йын æй ноджы тынгдæр -æривазы. Садуллæйы уæд йæ бирæ дудгæбæттæ æрбайрох вæййынц, йæ зæронд габæзты лæппу-лæджы тых ба- цæуы, йæ зæрдæмæ хъарм хуры тын ныккæсы. ...Дзæбæх æризæр, афтæ схæццæ Садуллæ дарæны фæзмæ. Уæртæ йæ чызг стыр буррагъ хъуджы бын бады. Йе ’нгуылдзты змæлдыл цæст нæ хæцы, афтæ- мæй дуцы. „Раст ын йæ мæгуыр мады къухты айст ис,"—загъта лæг йæ мид-зæрды. Куыд æввахсдæр цæуы, афтæ йæ хъустыл тынгдæр уайы æхсыры ших-шух. Ацы æхцон уынæр йæ сабийы бонтæй нырмæ бирæ уар- зы. Дæстæнон фæндыры зæлтау, ын агайы йе ’нкъарæнтæ. Лæууы дуцæджы цур. Уæрæхком цинк бедрайы урс таппузтæ февзæры æмæ. та атайынц. Къутуйыас фæз- дон цадæггай тæбæкк кæны. Бедра йæ былтæй акалд, афтæ фæздон дæр бынтон ныххæбæл. Хъуг æм фæс- тæмæ ракаст, йæ хъоппæг цæстытæ æрбазылдта, стæй æхсызгонæй4 арф ныуулæфыд. Чызг сыстад, йæ бедра арæхстгай систа: ~ О, Саду! Кæцæй февзæрыдтæ, кæ, афтæ æнæкъæрц- цæи? П2
Уый йын дзуапп нæ радта, фæлæ йын йæхи афарста: — Ацы бедра æрмæст „Сæдже" афæрсыгъта? Тауче йæ мидбылты .бахудт æмæ йæ (?æр разыйы тылд бакодта. — Иттæг хорз! Ам дыууæ мæйы куы фæуой нæ хъуццытæ; уæд ма нæ ног хæндыгуæттæн гæрзтæ агу- рын бахъæудзæн, — загъта сæрда’р æмæ йæ зачъейыл йæ арм æхсызгон уагъд æркодта. Цæвиттон, Садуллæ- .мæ иу миниуæг ахæм ис, æмæ мæсты куы вæййы, уæд йæ.зачъе, цыма, æрыскъуынынмæ фæхъавы, афтæ йæ «æрсæрфы, истькæхсызгон рæстæджы та йыл йае арм уæзданæй æруадзы. — Тауче, мæ къона, кæд зивæг нæ кæныс, уæд хьæумæ куы ныууаис. Мамион та, дам, рынчын у æмæ йæ абæрæг кæн. Æз ахсæв ам нæ урсæгтæ бахынц- дзынæн, стæй та райсом—угæрдæнмæ. Æрмæст Дада- йæ дæхи акур. . ] — Æмæ сæрдар ды куы дæ, Саду, уæд?.. — Æмæ фермæгæс та уый у. Афтæ æмбæлы. — О, хæдæгай! Дадо ам нæй. Абон хъæумæ ацыд. Нæ сепаратортæй иуæн йæ лæсгæр цыдæр кодта æмæ йæ куырдмæ ахаста. — Хорз! ,Чи зоны дыл искуы фæндагыл сæмбæла, уæд-иу ын зæгъ. Дæ хорзæхæй, йæ магуса хо Сурæи- мæ дæр ма«иу аныхас кæн. Уæдæ ма фæскомцæдисы секретарь цæмæн дæ? О, уаих, зæгъ, фæуай, хосгæр- дæны тæмæны нæм уæддæр фæкæсæд. Хъæуæй горæ- ты ’хсæн хъеллауæй фæлмæцгæ д’æр, нæ кæны. Гъей мардзæ, гъе! Мады гуыбыны дæр цас хъулæттæ вæй- йы! Уæдæ Дадо дæр йе ’фсымæр куы у. Нæхимæ дæр-иу бауай, сывæллоны абæрæг кæн. Дæлæ йын угæрдæны бын, залмы с^ыфы тыхтæй, лæ- дзæджы саджилы æрыскъæфтæ æрывæрдтон, Кæд не ’рхаудтой, уæд ын сæ демæ ахæсс. Зæххы сæ кæд ный- йафай, уæд сæ уадз, уæд- та сæм исты басмыста. Лæп- путæн сæ æрвитын хъуыд æмæ мæ айрох сты. Чындз дæр, мæгуыр, цы митæ кæны уым иунæгæй?.. - 8* 113
. Тауче йæ бæзджын сау æфгуытæ фелхынцъ кодта: — Æдзух.ма уыцы. сывæллон, сывæллон æмæ чындз, :чындз- ма кæн! Искуы ма искæмæн уыди иу ахæм пълеуу! — æмæ æд бедра фæраст, стæй фæлæууыд æмæ^ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Сурæйæн та йæ фарст колхозы æмбырды куы æрæ- вæрдтай, уæдæй нырмæ нæм йæ мадимæ туджджыны цæстæй кæсынц. Æмæ кæсæнт, фæлæ се ’взаг æвзæр^ у. Адæймаджы сæнамонд кæндзысты, — балхынцъ код- та йæ тызмæг ныхас чызг æмæ ацыд. Сурæйы мад, суанг йæ чындзы æрцæуынæй фæстæ- мæ, хъæубæстæй никæимæ фидыдта. Афтæ рацыд йæ чызг дæр. Цалдæр азы размæ йын чындзы ацæуын бан- тыст дард быдыры хъæумæ, фæлæ дзы афæдз дæр нæ ■фæци, афтæ йæ ратардтой. Йæ фыды хæдзары хицæн уаты æрцард. Колхозы кусын райдыдта. Æрдомдта зæх- хы хай æмæ куыддæр йæхирдыгæй фæцис, афтæ æх- сæны куыст йæ цæсты сындз фестад. Ныллæууыд го- рæтæй хъæуы æхсæн базар кæныныл. Æз, дам, авд къласы каст уымæн нæ фæдæн æмæ сау кусæгæй хырт хон. Йæ мад дæр ын макæ никуы загъта, йæ фыд та раджы, амард. Садуллæ колхозы æмбырды Сурæйы фарст æрæ- вæрдта. Байстой йын йæ зæххы фадыг. Бамбарын ын кодтой, зæгъгæ, ныртæккæ нæ Фыдыбæстæ цы тæссаг уавæры ис, уый кæй не ’ндавы, уый не ’хсæн цæрыны, аккаг дæр нæу. Мад æмæ чызг уæдæй нырмæ бæсты ц,ъар дæндагæй хæрынц. Цыдæр сусæг сау хахуыртæ мысынц... ...Садуллæ, цавддурау, лæууы, хъуыдыты ацыд... Йæ чызджы фæстæ кæсгæйæ баззад. „Цæмæн мын бауай- дзæф кодта?.." — Йæ уæхсчытыл уæлæмæ дызæрдыджы хæст фæкодта. Æрæджиау æм ахæм хъуыды æрцыд: „Æвæццæгаен та нæ сабийæн дæр тæрсгæ кæны. Ома уадз æмæ æнæ уæлдай рæвдыд, æнæ уæлдай митæй рæ- за. Фæлæ ма дзы уæд чындзы кой та цæмæн хъуыдис?- 114
Кæнæ „адæймаджы сæнамонд кæндзысты" та цы амо- ны?.. — Йæ сæр банкъуыста лæг æмæ цых’тахсæндонмæ бараст. Дæргъæй-дæргъмæ тарæйттыл куыройы фыдыйас цыхтытæ æмæ бур царвы джиппытыл йæ цæст куы ахаста, уæд йе ’ппæт сагъæстæ дæр, рæуфæлмау, ай- сыстысты. Сепаратортæзилæг дыууæ усы йын, сæ сæ- рæй ныллæг акувгæйæ, салам куыд радтой, уый дæр нæ фæхатыдта, афтæмæй фыссæн чиныг æмæ кърандас йæ къухмæ, систа... Фæсмойнаг пъа Тауче æрхæццæ угæрдæны бын фæндагмæ. Лæдзæ- джы саджилæй райста, йæ фыд ын кæй амыдта, уыцы залмы сыфы тыхтон. Арæхстгай йæ райхæлдта. Ног- тынд, хъæддаг æрыскъæфты хæрздæф йæ былтыл æх- сызгонæй ауад. Сырх-сырхид, цæхæры хуызæн гага- тæ кæрæдзийы хъæбысты ныббырыдысты. Чызг сæм кæсы æмæ йæ мид-зæрдæйы йæ фыдæн фæтæригъæд кодта. >пЦал гуыбыры, цал æвнæлды сæм фæкодта зæронд-зæронд. Зонын æй, уæлæ уыцы ти- гъыл зайынц иугæйттæ-дыгæйттæй. Æвæццæгæн, дзы йæхæдæг иу дæр нæ’ахордта. Аходæны улæфтыл, дам, сæ æртыдтон. Мæгуырсар, Саду, кæд дын цы фæуы- дзæн уыцы саби? Бирæ нæ, фæлæ цалынмæ рæстмæ цу- махъом кæна, ды ма уæдмæ цымæ"... — йæ хъуыды кæ- ронмæ ахæццæйæ, цыма фæтарст, уыйау сыл залмы сыф ногæй æрбатыхта æмæ араст. Угæрдæнты алыгъуызон дидинджыты тæф æмæ кæмт- тыдзаг, æхсыры хуызæн; урс цъитидæтты комулæфт æй сæ базыртыл систой, скъæфынц ’æй размæ. Чызджы рæусагъæстæ, зæрватыччы лæппынтау, цæмæй зоны кæм цъелфытæ ’ кæнынц: йæ мæгуыр мад æмæ йæ зынгхуыст æфсымæры ингæнты уæлхъус, йе сæ æрбасурынц фы- 115
дæвзаг Сурæйы сау хахуыртæ, сау сынтытау, æви дард> хæсты быдыр^г, Алæджы алыварс, зилахар кæнынц, сæ фæлмæн базыры систæй йын адауынц йæ хурсыгъд, топ- пыхосы фæздæгæйдзаг уадулты?.. Куыд хорз, куыд хъæлдзæг уыд йæ цард хæсты агъом- мзе! Куыд рæсугъд уыдысты йе скъолайы бонтæ! Ныр- ма чысыл, цыбырдзыкку чызг уыд, фæлæ-иу æй цы куывд, цы чындзæхсæвы нæ бамидæг кодтой фæндыр- дзæгъдæгæй) Зæрдæйы хъæдæй, уæнгты айстæй-иу æгасæй дæр баиу, стымбыл йæ фæндыры зæлтимæ, а дунейыл-иу æндæр ницыуал æнкъардта. Цы ’взагæй не сдзурын кодтаид пылыстæг, уæздан амонæнты! Цал хат- ты азылд хъазты ’фæзы чегъре лæппуимæ æд фæн- дыр дæр! Фæлæ ма ныр цы?! Йæ уарзон фæндыр сæ уаты къуымы кæдæйнырмæ лæзæры æгомыгæй! Се стыр су- дзæггаг мæрдты фæстæ йæм йæ цæст бакæсын дæр нал тæры. Йæ фæндырдзæгъдæн æнгуылдзтæ ма зонынц æрмæст уисой, хъуджы фæдджытæ, халамæрзæн... Ех, хæст, хæст! Цал рæсугъд бæллицы ныххурх кодтай, цал судзгæ зæрдæйы ныддур дæ азарæй, цал хъарм къонайыл ауагътай ихдон!.. ■ Æппæт ацы сагъæстæ, дунейы бындзытау, йæ сæ- ры зилахар сисынц, афтæмæй йæ фæндаг цыбыр кæны. Хъæумæ ’ввахс ададжы былмæ куыд фæцæйхæццæ код- та, афтæ йæ хъустыл ауад: 'Чызджыты хуыздæр — Тауче, Мæ разы фестад ацы зæр... х Таучейæн йæ бæзджынгомау былты кæрæтты мид- былхудты тæмæн фæзынд, фæлæ йæ æххæст дидинраф- тауын нæ бауагъта. Дадойы цурмæ куы бахæццæ, уæд ын ныллæг хъæлæсæй афтæ: — Райсом, чи зоны, дарæнмæ афоныл нал схæццæ уон, уæд^иу ма хыл кæн. Ме ’мбæлттæ æрдуцдзысты мæ хъуццыты дæр. 116
ДаДо йæм хæрзæввахс балæууыд. Йæ цыбырдæр къах фæндаджы уæлбылмæ систа. Йæ цæстытæ цæ- хæртæ калынц, афтæмæй тыхулæфт кæны: —’Мæ сауæрфыг æхсинæг, кæд дæ фæнды æгас бон дæр ма ссу, — стæй æвиппайды чызджы йæ хъæбысы атыхта æмæ йын йæ.хъæддых уадулæн адджын, зæрдæ- бын пъа ныккодта. Залмы сыфы ты.хтон æрхауд, Тауче йæхи ратыдта, йæ дыууæ къухы атымбылтæ сты, йæ тых, йæ бонæй сæ лæппуйы нарæг риу нырриуыгъта. Дадо дæлвæндаг куыд асæрбихъуырой, уый ма ауыдта, стæй йын кæм апъа код- та, ууыл йæ армытъæпæн æрхаста, йе стыр дзыккуйы быд йæ риуæй йæ чъылдыммæ аппæрста, дур ныззы- выттау ма дзы иу дзырд расхъиудта: — Цъаммар! — æмæ ададжы фæаууон. Цæуы, фырмæстæй цæхæртæ калы. Йæ уадул ык цыма исчи судзгæ акодта, уыйау ыл рæстæгæй-рæстæг- мæ йæ арм æрхæссы. Йæ зæрдæ ратоны... Сагъæстæ кæны йæхимидæг. „Куыд мæм бауæндыд уыцы сылваз, къуылых дзын- га?! Æз æм сыгъдæгзæрдæ æмгары цæстæй кастæн, уый та... Алæгмæ ма цы цæстæй бакæсдзынæн?.. Фæлæу, а чызг ын æмбырды йæ фарст куынæ æрæвæра æмæ йæ фæскомцæдисæй... Нæ! Æгас комбæстыл ныхъхъæр уы- дзæн æмæ йыл уайтагъд хахуыргæнджытæ къæхтæ æмæ къухтæ басадздзысты44... , Æрталынг, афтæ бахæццæ хъæумæ. Æрлæууыд æмæ æнцад кæсы: сæхимæ уал бауайа, æви Алæгатæм? Æрт- тиваг хъæндилтæ йæ алывæрсты ферттив-фæнымæг кæ- нынц. Мæйрухс бæрзæндтæй фæзтæм, мидбылты худгæ, æрцæуы. Уæлæ йæ дарæны арты цурмæ бирæ нал хъæуы. Афонмæ йе ’мбал хъугдуцдкытæ сæ гуымбылтæ бацахс- той æмæ сæ ракой-бакойты арвы кæрæтты зилынц. Кæй кой сæм не ’рхауы, цы хох, цы фурды сæрты нæ ассæр- рæтт кæнынц устыты æппæтдзураг сæрдасæн æвзæг- 117
тæ!.. Уаевгæ ,та сæ Саду райсом кæд ссивынмæ дæр кæндзæн, у^ед, чи зоны, фынæймæ сæхи \ хъарой, фæ- лæ гъада-гъа! Аныхас кæныны ад сын цы кæны?.. А хосгæрдæны сæрдар иу лæджы дæр йæхи куыс- тыл нæ уадзы. Къæбицгæс, хъомгæс, фыййау, постхæс- сæг — се ’ппæт дæр ныр дыууæ къуырийы дæргъы угæр- дæнты вæййынц. Хъугдуцджытæ сæумæрайсом раджы бабæстон кæнынц сæ урсаг æмæ уыдон дæр — сси- вынмæ. ...Тауче балæууыд Алæгаты кæрты. Мила йыл иу хæпп фæкодта, стæй йæ куы базыдта, уæд йæ сæр, азымджынау, ныллæг æруагъта æмæ фæстæмæ фæзылд. фæрссагæй рухс кæлы, чызг чысыл алæууыд, стæй дуар бахоста. — Кæцы дæ? Мидæмæ рахиз, — райхъуыст æм æдых, хъæрзгæ хъæлæс. — Де ’хсæв хорз, Гыцци! Мамион тæрхæгыл афтид нымæты уæлæ хуыссыд æмæ рабадти. Йæ сæр—урс сæрбæттæнæй æнгом баст. — О, дæ нывонд фæуон, кæд ацы æнафоны кæцæй æртахтæ!; Рауай-ма, мæнæ мæ цуру абад. Абон мæм Дадо дæр æрбауад, ныфсытæ мын авæрдта, аныхæстæ кодта, йæ цæрæнбон бирæ. Раст æй мæ иунæджыйас уар ын. Дадойы коймæ Тауче фестъæлфыд. Йæ уадулыл та йæ арм æрсæрфта. Йæ сагъæстæ сæ пъагæнæн бынат- мæ ныппæррæст ластой: „Кæд мын хъазгæйæ хиуоны пъа акодта, æвиа... хггæй цыдæр фæсмонгæнæджы каст ба- кодта: — Саду мæ- рарвыста, Мамион, дам, хъæрзгæу æмæ йæ абæрæг кæн. — О, дæ нывонд фæуон, æмæ дзæбæх та кæд вæй- йын, фæлæ таацы, бонты мæ сыджытыфæуинаг сæр тынг- дæр риссы, раст мын иу хатт, йæ ног цæфыл куыд рыст, афтæ^ V — Ома куыд йæ ног цæфыл? — афарста йæ Тауче. 118
— Æй, æз дын амæлон, æмæ йæ никуы фехъуыстай? Уый раджы уыдис. Уæллаг фæтæны нын сау суадоны =был иу угæрдæн уыд, уый тынг зынвадат у. Стъалытæ- лу нæма бахорз сты, нæ халамæрзæнтæ æмæ нæ мæхъи- тæ не ’ккой, афтæмæй-иу угæрдæны балæууыдыстæм. Æлт, мардзæ, цалынмæ бæстæ æртахдзаст уыд, уæдмæ рафæдис кæн де ссивыныл. Гъе, æмæ та иуахæмы цъæх, цæхæры хуызæн голтæ равзылдтам, уæдæ цы! Ададжы :хъæбысмæ цы гол æрæппæрстам, иу æртæ—цыппар мæ- къуылхос, уый нæ лæджимæ хæссын райдыдтам къуыл- ’дыммæ. Ныры хуызæн дын куынæ уыдтæн: мæкъуылг .хос мын дыууæ æргъомæй фылдæр нæ кодта. Стæй йæ- -хиуыл дæр чи ауæрста: цæйнæфæлтау дыл м’агусайæ искæй зæрдæ фæхудтаид, фæлтау — мæлæт. Бабастам фæстаг æргъæмттæ. Сæгъы фахсы хуызæн къулы та æрбараст стæм. Уæдмæ хур дзæбæх æрæн- дæвта æмæ кæрдæг схуси. Чысыл куы æрбауадтæн, уæд мæ къæхтæ ныдздзоргъа кодтой. Æд æргъом расхъиуд- тон бæрзонд къæмбыры сæрæй. Мæ уадулыл цыдæр хъарм лæсæн æруад, уый ма, фынфенæгау, бафиппайд- тон, æндæр ницы... Фæстæдæр мæхи æрæмбæрстон æрмæст нæ хæдза- $>ы хъæдын сынтæгыл. Мæ разы бадти, мæ хур акæнай, дæ мæгуыр мад, мæрдты сыгъзæрин талатæ суадзæд, •æмæ дæллагхъæуккаг хъæдгоммæгæсæг лæг. . — Кæм дæн, цы мыл æрцыд? — зæгъгæ, фæкодтон. т- Мауал тæрс, Мамион. Дæ сæр тынг скъуыд у, фæлæ дзæбæхырдæм фæци, байгас уыдзæн. Æрмæст нырæй фæстæмæ дæхи уæззау куыстæй хиз, — загъта уыцы лæг. Гъе, æмæ, мæ хуры чысыл, уæдæй нырмæ рæстмæ мæ сæрæн нал стæн æмæ... —цыдæр ма сцæйдзырдта, фæлæ уæдмæ чидæр хæдзары цæгъдæджы мидæг сси. ..Куыддæр къæсæрæй æрбахызт, афтæ фæхъæр кодта: — Дæ хæрзæгкурæггаг мæн, хмæ хо! Алæг нын æгас у1 — Мамионы йæ хъæбысы фелвæста æмæ йæ пецы алы- 119
’ варс æрзылдта, стæй йæ, тæрхæгыл цы нымæт’æй рас* къæфта, уым æрæвæрдта. Мæнæ куыд фыссы йæ ко- мандир, мæнæ. Милицæйы майор Мамиаты Хъазбег йæ дзыппæй систа гæххæтты сыф. „Зынаргъ Мамион! Н-ы æфсæддон хайы командиртæ дын зæрдиаг ар~ фæ кæнынц, ахæм хæрзæгъдау æмæ хъæбатыр • фырт кæй схъомыл кодтай, уый тыххæй. Сержант Алæгаты Алæг стыр æхсар равдыста знаджы ныхмæ тохты. Бав~ дыст æрцыд паддзахадон хорзæхмæ"... писмо каст фæци æмæ йæм æй балæвæрдта. Усæн йæ бон дзурын ницы у. Æрмæст цыдæр тых- ныхъхъуырæгау кæньт. Цæстытæ йæ фæлахс, æнцъылд- тæ уадулы ныккул сты... æнцад хуыссы йæ иу фарсыл. Æрæджиау сызмæлыд, гæххæттыл йæ уырзтæ æрхаста,. æркасти йæм æдзынæг, стæй йæ Таучемæ радта. Хъазбег цыма йеныр фæфиппайдта кæйдæр чызджы. уыйау æм’йæ урсхæццæ рихиты бын фæлмæн бахудти: . — Фæлæу-ма, фæлæу! Кæцæйдæр мæ зæрдыл лæу- уыс, мæнæ дзæбæх чызг! —- йæ ныхыл йе ’нгуылдз авæрдта, йæ цæстыты æхсызгон зынджы стъæлфæнтæ- стæлфыд... Таучейы зæрдæ æваст ныссæххæтт кодта: мæнæ йæ разь^ Алæджы- цæстытæ, йæ даргъ æрфгуытæ. Лæг- мæ иудзæвгар æмдзастæй аззад æмæ фефсæрмы, фæ- сырх... — О, о, æрхъуыды кодтон. Къуыри раздæр газеты дæ , ныв нæ уыл? Уацы сæр: „Хæххон фæскомцæдисонтæ". Уæ фермæйы куыст, дам, бафæзминаг у æгас районы. Æхсыры цад, дам, дзы сарæзтой... х — Цад нæ, фурд! Авд адæймагæй цас хъуамæ са- разæм? Нæ хуыздæр фæсивæд хæстмæ фæцыдысты æмæ... ~ Чысыл сыгъзæрин дæр у, фæлæ... — сдзырдта Хъаз- бег æмæ афарста: — Фæлæу-ма, парторганизаци уæм нæй. 120
— Нæй! Хæсты агъоммае уыд, фæлæ ныр... Сайу йæ~ хæдæг дæр æндæр парторганизацийы ис. Уазджытæ ныхасыл куыд фесты, афтæ Мамион тæр- хæгæй рахызт æмæ къуымты зилынтæ систа. Гуыбы|> дæр цыма нал у. Йæ сæры баст дæр цыдæр фæкодта æмæ йæм уæртæ бакæс! Йæ лыстæг урс дзыккуйь* быд. размæ рахауд æмæ йæ хус риуыл дзедзлой кæн&. Стъо- лыл урс арахъхъы авг февзæрд, йæ уæлæ дыдзы рухс хъазы. Йæ цуры уæрæхком мыдгъуыз сыкъа йæ фар- сыл хуыссы. Æфсин ма ноджы тæбæгъы рахæсеы "бур цыхты æрдæг æмæ хъæбæр кæрдзынтæ. Хъазбег съолы фарсмæ æрбадт: — Гъей, ныммæлæн дын ма уа, нæртон æфсин, ба- хъуыды сахат, зынгæвæрдау, цæттæ чи у! — зæгъгæ^ фæкодта æмæ уайтагъд авджы хъуырæй сыкъамæ кара арахъхъы загъды хъæр райхъуыст. Æбуалгъ фидис Тауче стыр фæсахсæвæрты рахызт Алæгаты хæдза- рæй. Сабыр къахдзæфтæгæнгæ араст сæхимæ. Ныртæк- кæ йæ хъуыдытæ æппæтæй дæр баст уыдысты Алæ- джимæ. Мæнæ, гъе,. йæ разы лæууы бæрзонд, бæзæр- хыг, къуыбыррихи афицер. Йе ’фсæддон хæдон, джиппы уагъдау, фидауы йæ хæрзконд уæнгтыл. Къæскъæс кæ- нынц йæ риуыл, йæ астæуыл ног бурбын гæрз рæттæ. Йæ фарсыл бурбын хуымпырæй, цыма зыны йæ дамба- цайы уырынгтæ хъæд. Тауче йæ куы ауыдта, уæд æм лæппу йæ мидбылты бахудт, дзургæ йæм ницы скодта; афтæмæй. Фæлæ йæм уый нæ мæсты кæны: афтæ у йе ’рдзы конд. Скъолайы-иу мæнг нæ дзырдтой, зæгъгæ, Алæгæй алы дзырд дæр аркъауæй лясын хъæуы... Цæуы Тауче, ахæм сагъæсты леикгæнгæ. Зæхмæ* кæсы, цыма дзы исты агуры, уыйау. Афтæ мæйру^с у, афтæ, æмæ фæндаджы хъæбæрыл сæтæлæджы бы- 121
рæнвæд кæм ис, уый дæр æвзист æрттывд кæны. Сæ кæртмæ- куыд бахæццæ, уый зонгæ дæр нæ бакодта. Æрлæууыд,. „Ныр фынæй уыдзысты. Чындз *та, •æвæццæгæн, абон дæр картоф сыджытхъус кодтаид... Герсаны æрыскъæфтæ мын уыцы къуылых чеппайы ах- ж>сæйц... æмæ та æнæрхъуыдыйæ йæ уадулыл йæ арм яуы æрхаста, уæд йæ мидбылты фæхудт: „Мæгуырсар, •кæд исты ныццавта дæлвæндаг дуртыл? Чысыл, цыма, йæ арахъхъы тæф дæр калдис"... Балкъоны дуары раз йæ къахкъухтыл слæууыд, хæрд- :мæ йæхи сивæзта, фæстæты æрывнæлдта æмæ йын йе чхгæнæн бакодта. Хæдзары дуар гом уыдис æмæ æнæ- <къæрццæй бахызт мидæмæ. • Мæнæ къулгæрон йæ чысыл сынтæджы Герсан уæл- гохммæ хуыссы. Йæ пух цæнгтæ фæйнæрдæм аппæрста ^емæ йæ риу, урс майкæйы бын куы уæлæмæ ссæуы, куы дæлæмæ. Йæ тымбыл цæсгомыл фæлмас царды цин йемæ фынæй кæны. Æмæ йæ цæсты хаутæ та! Бæзджын, дæргъæй-дæргъмæ, нымбæрзтой йын йæ сау дæстытæ. Йæ фыдæн дæр раст ахæм цæстыхаутæ, •ахæм цыбыр фындз æмæ схъæлдзæф роцъо уыд. Æга- -сæй дæр æй цæрмыстыгъд бакодта. . Тауче æргуыбыр кодта æмæ йын йæ былтæ йæ фæ- тæн ныхыл хæрз гæзæмæ авæрдта. Сывæллон йе ’рфгуы- тæ сæлхынцъ кодта, райхъуыст йæ цъæмцъæм æмæ йæ ’фарсыл æрзылд. Чызг ын йæ хъæццулы кæроныл уæл- дæр схæцыд, йæхæдæг йæ къахфындзтыл фалдæр ^басанчъех кодта æмæ иннæ сынтæгмæ ныккаст, фæлæ уый уыд афтид. . Хорзау нал фæци. „Кæм ис чындз?" — æвиппайды •йæхи афарста. Боны хуызæн мæйрухсмæ йæ цæст къуым- ты ахаста. Уæртæ тæрхæгыл Герсаны хъæдын дамбаца, дæлæ къуымы йæ хъулон пурти, ибон ын æй Саду æр- ^бахаста. Уæдæ кæм уыдзæн йæ мад? Сыхæгтæй искæ- мæ &ады æмæ ма ныр цафон у? Науæд сывæллоны иу- нæгæй куыд ныууагътаид? 122
Тауче къæсæрæй фæстæмæ рахызт æмæ сæ уазæг- дбн уаты фæрссагæй бакаст. Уым къулыл — йæ мад æмæ йæ фыды къам рæсугъд фæлгæты. Сæ фарсмæ — йæ хæстон зынгхуыст æфсымæры ныв. Фарон йæ сау гаех- хæтт куы ’рцыд, уæд æй фæегъаудæр кодтой. Уыдон бынмæ, Тауче æмæ йе ’мбæлттæ астæуккаг скъола каст куы фесты, уæд цы иумæйаг ныв систой, уый. Уаты иннæ къулыл дыууадæссион саджы сыкъатыл Садул- лæйы æвзист хъама, рагон дамбаца, йæ цухъхъа, йе ’взаджджын рон æмæ йæ сау къæбæлдзыг худ. Уæртæ сæ шифонер, стъолыл патефон — хызкæрон- джын æмбæрзæны бын. Мæйрухсмæ тæмæнтæ калынц дыууæ никел сынтæджы гоппытæ, пух хуыссаенгæрзтæй — сæ хъустæм. Фæлæ уыдоны дæр ничи хуыссы, бæс- тон тыхтæй лæууынц. Чызг йæ бынаты сагъдауæй баззад. Сыхæгты хæ- дзæрттæм йæ цæст адардта, фæлæ сæ рухсы цъыртт никæмæйуал калд. Уалынмæ балкъоны фаллаг кæронæй цыдæр унæр æрбайхъуыст. Тауче цæхгæр фæзылд. Уæртæ, гъе, сæ чындз Битарон дурдзавдæй бады, бал- къонхъæдыл йæ сæр æруагъта, афтæмæй. —Мæгуырсар! Æвæццæгæн, .ныффæллад æмæ уæл- хъæдæй афынæй, — искæимæ дзурæгау, бакодта чызг. ныллæг хъæлæсæй æмæ йæм нæма бахæццæ, афтæ ус къæхты хъæрмæ йæ сæрыл схæцыд. — Ох," чындз, бахатыр кæн! Сыхъал дæ кодтон, мæ зæрдæ. Битаррн æм ницы сдзырдта, æрмæст æм уæззау тæригъæддаджы каст æрбакодта. Мæйрухсмæ, цикъæ хæцъилау, зынд йæ цæсгом! Йæ цæстытæ фыркуыдæй ныссырх сты. Ныр дæр та æргæргæр кодтой йе • ставд хъарм цæссыгтæ. -—Уаих фæуай, чындз! Дæуы йедтæмæ идæдз ничи баззад? Адæмæй уæддæр фефсæрмы кæн. Кæдмæ дæхи æргæвддзынæ, уымæн бæрæг нæй? Æмбисæхсæ- вæй раджы ахызт, уæддæр балкъоны къуымы бады æмæ... —-йæ ныхас нал фæци Тауче. 123
— Де ’фсымæр^нæ, мæхи дыууæ мадызæнæДжы ин- гæнмæ куы ныккастаин ’ æмæ ацы дудгæбон куынæ бавзæрстаин,—хæкъуырццæй скуыдта ус æмæ йæ рус* тæ ныцъцъыкк кодта. ’— Фæлæу-ма, — йæ цæнгтыл ын фæхæцыд чызг, — цы та ныл æрцыд, сау бон мыл æркодта... Дæ цæгатæй миййаг исты?.. Ус тынгдæр ныккуыдта. Таучейы хъæбысмæ йæхи баппæрста, чысыл сабиау, æмæ, йæ уæхсчытæ сæп- пар-сæппаргæнгæ, дзурын райдыдта. — Абон куыстмæ куы цыдтæн, уæд мæ сывæллон фынæй уыд. Йæ райхъал кæнын мæ цæст нæ бауарзта, афтæмæй ацыдтæн картофдонмæ. Аходæнафонмæ фæкуыстон, стæй, мæ зæрдæ кæй æхсайдта, уымæ гæсгæ хæдзармæ ратындзыдтон. Саби- йыл йæ дарæс скодтон æмæ йæ цæхæрадонмæ бакод- тон. Хуыммæ цалынмæ здæхтæн, уæдмæ Дадоты дзæргъ йæ дыууадæс хъыбылимæ ног сыджытхъус картофты иннæрдæм афæлдæхта. Куы сæ ауыдтон, уæд, мынг цыма, мæ зæрдæйы хъама атъыстæуыд, уыйау фæдæн. Дурадзагъдæй сæ ратардтон сæ хицауы дуармæ. Иу хъыбылы къах дзы, æвæццæгæн, фæцæф æмæ иннæты фæдыл къуылых-къуылых æрбацæйхылд. Сурæ æмæ сæ йæ мад куы ауыдтой, уæд, æйдæ, мар- дзæ! Мæ размæ расæррæтт ластой. Йæ бон, дам, нык- кала нæ кадджын сæрдар! Нæ зæхх нын байста, ныр та нын йæ бинонтæ нæ фос сæрвæтмæ дæр нал уадзынц, стæгцъæлтæ нын сæ кæнынц. Кæдæм ма, дам, сæ нæ сæр фесафæм, — йæ хъæлæсыдзаг цъæхахст кодта мад. Уæд Сурæйы сау калм йæ мадмæ фæзылд... йæ дыууæ цонджы йæм, калмы ’взагау, байвæзта, — йæ- хъуыр æрбахгæдта Битаронæн, рæстмæ дзурын нал фæ- разы... — æмæ... æмæ афтæ: | — Ой, ныууадз сæ, ныууадз! Кадджын сæрдар! Куын- нæ, стæй! Уæд ма уый йедтæмæ исчи йæ чындзмæ бы 124
ры... — у-у-у! Сау бои мыл æркæна, — нырдиаг та код. та Битарон. — Уæд дæ адæмыфарн æмæ бæсты азар акъæртт кæ- нæд, æвзæр налат! — æрбадзырдта йæм æмбондгæронæй нæ сыхæгты зæронд ус. Сурæ уæд, уæд...—йæ ббн та дзурын нал у... — уый ’рдæм фæци: . — Ацу, усбирæгъ! Искæмæн ма уæдæ æнæмойæ лæппу гуыры? Науæд дæхи дзыхæй куы рацыд, зæронд хингæнæг... — хъæр кодта уыцы налат. ... Ныккуыдта ус æмæ балкъоны пъолыл, дзаг голла- гау, йæ тъæпп фæцыд, басур... — Саубон мыл, — зæгъгæ, фæцъæхахст кодта Тауче аемæ бедрайы доныл йæхи’ ныццавта. Йæ цæсгом ын дзы æрхуылыдз кодта... æрчъицыдта. Уæдмæ уасæджы уаст æрбайхъуыст. Æндæр уасджытæйæ кæрæдзи дзы- хæй истой хъæуы сæрæй суанг хъæуы бынмæ... Бон дзæбæх æрбарухс. Чысыл Герсан, æвæццæгæн, йæ мады кæуын æмæ хъуыргъуындæгмæ райхъал. Йæ сын- тæджы рабадт. Йæ хуыссæгхъæлдзæг цæстытæ тымбыл къухæй аууæрста æмæ, бабызы лæппынау, узгæ-узгæ къæсæрæй рахызт. Йæ мады пъолыл хæкъуырццæй кæу- гæ куы ауыдта, уæд исдуг тарстхуызæй йæ мидбынат алæууыд, стæй уый дæр нырдиаг кодта: —Дзыцца! — æмæ йæм йæхи баппæрста. Мад æй йæ хъæбысы арф ныт- тыхта, цыма йын исынæй тарсти, уыйау: — О, мæ цин æмæ мæ лау худинаджы уидаг. Цы <5он ныл æркодта! Мæнæ ныл цы тугтæ æрымысыдысты дурзæрдæ адæймæгтæ!.. Цы ма фæкæнои дæу дæр æмæ мæхи дæр?!. Дæ фыды мæлæты фæстæ мæм ацы сау- бон та кæцæй касти?!. Ой, бæсты намыс æмæ адæмы фарн, мæ тæригъæд-иу ма ныббар. Æз удæгас нал дæн... — Дзыцца-а!—йæ мады дæллагхъуырæй кæуы чысыл саби æмæ йыл йæхи æнгомдæр ныхасы. Тауче ма Герсаны хуылыдз уадулæн иу пъа нык- 125
кодта æмæ цæссыгкалгæ араст дарæнмæ. Бурхохы цъуппæй рарттывта сыгъзæрин нымæт худ, егъауæй- егъаудæр кæны... Арф ком се’мбуйæ байдзаг Рагвæззæг. Фæтæнты иухуронæй стад цъæх хосы, мæкъуылтæ кæм къордтæй, кæм иугай-дыгæйттæй æнкъæл’мæ кæсынц, галы дзыхмæ нæ кæд аласдзысты, зæгъгæ? Уæвгæ сын ам дæр æвзæр нæу. Алы райсом сын рæубазыр уддзæф сæ хæрздæф хæлттыл, хъисфæн,- дыры тæнтау, йæ уæздан æрдын ауадзы. Цъæхснаг хъæлæсæй сын самоны йæ сусæг зарджытæ. Мæкъуылы сæр бады арвы хицау — хæххон цæргæс Сæрыстырæй фæлгæсы бæрзонд айнæг къæдзæхтæ æмæ арф уынгæг кæмттæм. Уый дæр уахъæзы цагъдмæ йæ- цыргъ фыдисбырынкъ дæлæмæ æруадзы, йæ дардмæ уынæг цæхæр цæстытæ кæмдæр уадваст бумбулийы бын æрцъынд кæны æмæ адджынæн ахсы алæмæты фæлмæн зæлтæ. Мæхъийы бын быгъуыйы хъармы хуыс сынц мыст æмæ йæ лæппынтæ. Зарæджы зæлтæм сæ чысыл хъустæ фæхъил кæнынц æмæ, хингондау, сæ мидбынат бандзыг вæййынц. Уæлæ хæхты астæу бæрзонд дарæны дысон тынг’ фæуазал. Дуцджытæ æмæ фермæгæс Дадо æхсæвы* цъæхæй сыстадысты. Абон хуры æрцыдмæ рæгъауы х’ъуамæ атæлæт кæной. Цалдæр хæндыджы сой цыхт, тарæйттыдзаг бур царвы дæргъæццон джиппытæ, сæ аппараттæ æмæ иннæ мигæнæнтæ знон ласт фесты. Дарæны стыр фæзы, сæ сæртæ æддæмæ, афтæмæй нырривæд сты æнæмæтæй, сынæрцæгъдгæ, хъамбул- дзаст галтæ, къуыбырсы уæнгуытæ. Астæуæй хуыс- сынц хъуццытæ, дыгæрдгуытæ. Бафæлварæнт ма кæрæф1 бирæгъ, кæнæ хъуынджын арс ацы хъахъхъæдад ба- тоЦын, кæддæра сæ тъæнгтæ къобор галты цыргъ.сы- къатыл не ’рцауындзæг уаиккой! 126
Рæгъау дарæны къулы уырдыгмæ рарæгъ сты. Се ’плæты фæстæ арсыйас урс куыдз. Цыма йæ нæ фæн- ды, уайау сабыргай цæуы. Кæмтты анæры ой-о-о ой-о-о1 Тауче æмæ Дадо æнæнхъæлæджы кæрæдзимæ куы фæкæсынц, уæд куыддæр фефсæрмы вæййынц, фæй- нæрдæм сæ цæстæнгас азилынц. Уыцы ахаст сын иннæ хъугдуцджытæ хатынц æви нæ, уый зын равзарæн у. Науæд та сæхи барæй афтæ дарынц... Æртæ къуырийы раздæр Тауче сæ чындзы боны- цъæхæй кæугæ æмæ ниугæ куы ныууагъта, уæд йæхæ- дæг уайтагъд дарæны балæууыд. Йæ цæст ахаста, æмæ Дадо уым куынæ уыд, уæд хъуыдыты ацыд: „Цы фæ- уыдаид, дысон ардæм куы рацæйцыд... Куы асæрби- .хъуырой, уæд ома исты?.." — Хъæуы цы хабæрттæ ис? Уæ чысыл лæппу куыд- тæ у? Йæ мад ардæм иу уад куыннæ скæны? — афарс- той йæ уæд хъугдуцджытæ æмæ кæрæдзимæ хинæй- дзаг каст бакодтой... Таучейы зæрдæ фæкъæпп кодта: „Ау, уыцы туджы хахуыр адон дæр зонынц? Æви сау кой, сау калмау> хъæубæсты æхсæн рагæй хилы æмæ йæ махæй æмбæхс- ынц?" — ахæм сагъæстæгæнгæйæ сын æрæджиау дзуапп радта: — Бузныг, дзæбæх у нæ сывæллон. Йæ мад дæр уым дзæгъæлы нæ фæбады. Хæдзары зылдтытæй куы февдæлы, уæд та колхозы картофтæ фæсыджытхъус кæны... — йе 4мбæлттæ та кæрæдзимæ бакастысты æмæ ныллæг хъæлæсæй цыдæр асусу-бусу кодтой... Аходæнафонæй ахызт, афтæ сæм дарæны былæй сзынд Дадо. Йæ сæр уыдис урс бинтæй баст. Устыты цурмæ куы бахæццæ, уæд æй цымыдисæй афарстой: — Сау бон мыл, дæ сæр та цы кæны, Дадо? — Нæ уæлхæдзары цæвæджы цæг агуырдтон, фæс- тæмæ хизгæйæ, асинæй рахаудтæн æмæ йæ дурмæ æр- хастон, — загъта лæппу. Фæлæ йæ мид-зæрдæйы та йæ- хи фæсмонæй æргæвста. „Миййаг æй Тауче куы раргом ЙЙ*
кæна, уæд ма цы кæндзынæн?.. Зæгъдзысты мын: де чмкарæнтæ фронты сæ туг калынц, топпы нæмыгмæ сае риу дарынц, ды та ам чызджытæн тыхæй... уый дæр, рыр куыд æмбарын, афтæмæй—мæ хуыздæр æмбалы уар- зон чызг. Нæ, уæд мын а комбæсты фæлæууæн нал ис\ — фидарæй алыг кодта Дадо æмæ фырæфсæрмæй йæ цæсгомы хид рахъардта. Тауче йæм аивæй йæ цæсты зул бадардта: „Цæвæджы цæг... У’айдзаг дæ къуылых сæр! Æвæц- цæгæн, дæлвæндаг куы^асхъиудта, уæд\.. — æмæ йын иуæй æхсызгон уыд, иннæмæй та —хъыг... Гъе, æмæ чызг æмæ лæппу уæдæй нырмæ кæрæ- дзимæ нæ дзурынц. Æрмæст архайынц, цæмæй сæ иннæ- тæ ма бафиппайой. Мæнæ ныртæккæ, рæгъау скъæргæ- йæ дæр, сæхи арæхстгай уымæн дарынц. ...Хъæугæрон стыр фæзы, денджызы улæнтау, фæй- лауы рæгъауы хъомы бæзджын æмбу. Буцахуыр фыц- цагифтындзинаг уæнгуытæ, ставдбæрзæй куыртæ нæу- дзарм сæ сæрыл исынц. Сæ къуыбыр сыкъатæ зæххы фæсадзынц æмæ йæ сфæйлауынц. Сæ фæтæн ныхтæ сыджытæй самæзтой æмæ хылкъахæджы каст кæнынц. Æмæ канд æнæрцæф уæнгуытæ нæ! Кусæг галтæй .дæр бирæтæ се стыр цæсты урсытæ хæрдмæ сзилынц æмæ иумиаг æртхъирæны богъ-богъимæ баиу вæййы сæ бæз- джын хъæлæс. Арф кæмттæ уыцы бæзджын æмбуйæ ризынц. Æрмæст хъуццытæ’- æмбонды мидæгæй сыгъдæг, хус- зæхбын кæрты æнцад лæууынц, æнхъæлмæ кæсынц сæ дуцджытæм. Сæ фæздæттæ сæ сагæхты нал цæуынц. Иуæй-иутæн семдынг фæдджыты къоппатæй тæдзы æлу- тон урс æртæхтæ. Рæгъауы богъ-богъмæ хъæуы сывæллæттæ рафæдис кодтой. Чысыл Герсан1 дæр сæ фæдыл бæгъæмвадæй узгæ-узгæ рацæуы. Йæ уæлæ ис æнæдыс урс хæдон æмæ сау цыбыр хæлаф. Хатт фæкæлы, фæлæ йæ ни- цæ’мæ æрдары. Фæгæпп ласы æмæ та размæ. Æмбуйы 128
улæн. тынгдæр куы ’рбафæйлауы, уæд чысыл фæлæууы, фæлæ та егъаудæр сывæллæтты хынцмæ ногæй атын- дзы. Ныр се ’ппæт дæр æрлæууыдысты. Рæгъаумæ æв- вахс бацæуын нæ бауæндыдысты. Дардæй сæм цымы- дисæй кæсынц, цыдæр тасæмхæццæ циндзинад хъазы сæ цæсгæмттыл. Садуллæ хъæугæронæй разынд. Йæ къухы ис цъæх- цъар журнал. Сабиты цурмæ куы рахæццæ, уæд æм Герсан йæхи - баппæрста, йæ хъæбысмæ сбырыд æмæ хъомырдæм йæ мызыхъхъ цонг адардта: — Ай, ай!.. — О, о, мæ чысыл къуызыр уæньи\ Уæвгæ, ды нырма род дæ. Уæртæ уыдоныйас куы суай, уæд ды дæр афтæ футтытæ кæндзынæ. Бæстæ дæ сæрыл си- сынмæ хъавдзынæ, цалынмæ дыл, уæртæ уыцы галтау, цард йæ уæззау æфсондз æрæвæра, уæдмæ... Лæппу йын цыма йæ ныхæстæ æмбарьи уыйау ныхъ- хъус. Æдзынæг кæсы йæ дадайы урсхæццæ, къутæр- æрфгуыты бын циныстъæлф цæстытæм. Уæдмæ Дадо сæ цурмæ æрбацыд. Алы хаттау та йæ уæз иуæрдæм фесхуыста æмæ сдзырдта: - —Авзæрстон уыцы хуыскъæгты. Садуллæ сабийы нæууыл æрæвæрдта: — Хорз! Цом, фенæм сæ. Кæрты къуымы хицæнæй лæууыдысты æртæ стыр галы æмæ дыууæ ставдбæрзæй уæныджы. — Адон нын фыдызгъæл цæттæйы пъланæй уæлдай- дæр сты, фæлæ ма...—йæ ныхас нæ балхынцъ кодта сæрдар. Йæ дæларм цы журнал уыд, уый рафæлдæхта æмæ дзы цыдæртæ æрфыста. Дадо æнхъæлмæ кæсы, „фæлæ мац цы нысан кæны, уый базонынмæ. — Фæлæ ма нæ фронтæн исты балæвар хъæуы. Аф- тæ кæнынц иннæ колхозтæ дæр. Нæ хъæуы фæсивæды хуыздæртæ уым сты! Сæ фæллойæ сын иу дыууæ сту- ры куы бахай кæнæм, уæд цас диссаг у, — загъта лæг 9* 129
æмæ, цыма, æвиппайды исты æрбахъуыды кодта, уы- йау бакаст Дадомæ: — Районы куы уыдтæ. Алæгæй уæлдай ницыуал фе- хъуыстай. Кæнæ йын йæ мады æфсымæр Хъазбеджы нæ афарстай? — Куыннæ, фæлæ уый дæр бæстон ницы зоны. Йæ писмоты, дам, фыссы, зæгъгæ, дам, мæ, чи зоны, рæх- джы рафыссой госпиталæй æмæ, дам, уæд нæхимæ ацæудзыиæн. Æфсæддон службæйæн, дам,. нал бæззын* æвæццæгæн, йæ къах кæнæ йæ цонг... — Гм... Æмæ йæ Мамионæн та чи аппæлыд? Нырмæ дæр йæ уд удыл нæ хæцыд, ныр бынтондæр æруатон, — загъта Садуллæ æмæ фермæйы гæсмæ бакаст: — Иу уæныг æмæ ма зæронд галтæй иу. ч Герсан йе ’мбæлттæй фæхицæн æмæ та йæ дадайы цур æрбалæууыд. Æрмахуыр гæдыйау ыл йæхи рахаф-ба- хаф кæны, цыдæртæ дзургæйæ. Кæртæй йæ хъугдуцæг устытæ суыдтой, кæрæдзи- мæ бакастысты æмæ та сусæг сусу-бусуйыл фёсты. Цыдæр кæлæн мидбылхудт ахъазы сæ цæсгæмттыл> сæ сæртæ батилынц... Тауче сæм куы фæкомкоммæ, уæд сæхи къæртатимæ архайæг акодтой... ’ Ногæй та анæрыд хъал рæгъауы æмбу комы нарæ- джы улæнтæ-улæнтæй. Хъама фæхаудта тæгæлтæ . Хур ма дзæвгар уыдис, афтæ фæцис районы колхо- зы сæрдæртты æмбырд. Садуллæ уайтагъд сæхимæ ^>а- тындзыдта. Йæ сау цухъхъайы фæччитæ йæ сины сæр- ты, æрсагъта, йе ’взист хъамайыл чысыл фæстæдæр фæ- хæцыд æмæ гъæй-дæ—йæ фæндаг цыбыр кæны. фæззæг кæронмæ фæкъул, фæлæ хæххон сыгъдæг уæлдæф уæддæр нырма хъармæй лæууы. Садуллæйы 130
ныхыл хиды æртæхтæ фæзынд, йæ пыхЦыл æрфгуытæм’ лæсынц æмæ уым банцайынц. Æрлæууыд’; уæргъулæфт акодта, йæ сатин куырæты æфцæгготы къæсгуы æгъ- нæджытæ суагъта, йæ уæлдзарм худыл уæлдæр фæ~ хæцыд. Йæ хъуыдытæ нырма сты, æмбырды цæуыл дзырдтой, уыдонимæ. ...Цалынмæ сæ сæйраг фарстмæ бахызтысты, уæдмæ сын райкомы секретарь дзырдта хæсты хабæрттыл. Фырцинæй йæ цæстытæ цæхæртæ калдтой, йæ бон иу- ран æрлæууын нæ уыд. „Æппæт фронтты дæр знаг фæстæмæ лидзы тугæр- хæмттæй.^ Зынæфтæн æмæ æнустæм кадджын уæлахиз нæм йæ мидбылты худы. Нæ адæмы æгæрон сгуыхт- дзинæдтыл ныридæгæн номы зарджытæ кæнынц дунейьг æппæт кæрæтты. Нæ райсомы стыр уæлахизы тугда- дзинты хъазы мах, фаёсфронт адæмы æвидигæ хъару æмæ æхсар дæр. Алы хоры гага, алы цыхты кæнæ фы- дызгъæлы кило сты знаджы ныхмæ топпы нæмгуытæ, сармадзантæ, хæдтæхджытæ. Цалдæр боны размæ Туа- ты Садуллæйы чысыл колхоз сæ пъланæй уæлдай фрон-~ тæн балæвар кодтой иу тоннæ цыхт, фондз тоннæйьг нард стуры фыд, цалдæр центнеры царв... æмæ хъарм1 дарæс — цъындатæ, басылыхъхъытæ". Садуллæйæн ацы ныхæстæ æхсызгон куыннæ уы- дысты, фæлæ, æрыгон лæппуйау,- сæфсæрмы æмæ æрг ныгъуылæгау кодта. Докладгæнæг æй адæмы æхсæн йæ цæстæй аца- гуырдта, фæлæ йыл нæфæхæст. Уæд Садуллæйы фарс- мæбадæг æрбадзырдта: —Мæнæ ис, мæнæ, æмбал секретарь, фæлæ йæ зæ- ронд кæй схуыдтай, уый йын хъыг уыдис æмæ де ’рдæм нал кæсы. Æвæццæгæн дæм дзыхæй нал сдзурдзæн. — Уый, æвæдза, æз æмæ Садуллæ кæрæдзи æмба-, рæм. Зæронд галы сæр хуыммæ хастæуы. Нæ уæлахиз- дзæуттæ здæхын куы райдайой, уæд та Уастырджийы зарджытæ" дæр иумæ скъæрдзыстæм,- — сдзырдта секре- 13^
тарь. Ныр суыдта Туайы фырты æмæ йæм хæлар мид- былты Ьахудти. . ...Æппæт ацы хабæрттæ Садуллæйы хъустыл уайынц æмæ, размæ куыд цæуы, уый хатгæ дæр нæ кæны. Секретары ныхæстæй йæ зæрдæйы, топпыхосау, уæл- дай тынгдæр^ фæтæпп кодтой: „нæ уæлахиздзæуттæ здæхын куы райдайой", зæгъгæ, уыдон. „Адæммæ здæхдзысты сæ хæстонтæ. Фæлæ мæ иу- нæг хъæбул нал æрыздæхдзæн. Нал бакæсдзæн йæ фыды урс хилтæм, нал фендзæн йе нæзонгæ чысыл хуры тыны. Кæмдæр, æцæгæлон зæххыл, чи зоны, йе стджытæ сæ сыджытыл дæр нæ сæмбæлдысты, сынты- тæ сæ онггай фæхастой" — ныссагъæс кодта зæронд фыд æмæ цыма йæ фынæйæ фехъал, уыйау фестъæлфыд. Цæуы дарддæр. Ныр бынтон стæвд сæрæй къæхты быимæ. Йæ худсиста æмæ йæ булкъдаст сæрæйæгъуыз фæздæг уырдыг слæууыд. Бæрзонд цъититæй изæ- ры уддзæф фæстаг хуры тынты æхсæнты згъордта æмæ бæлццоны уадултыл æхсызгонæй ныдзæвд, сæфта йын йæ фæллад. Бирæ йæ бæргæ нæ хъæуы хæрдвæндагæй хъуго- мы фæзмæ, фæлæ та йæ зæрдæ гуыпп-гуыпп ■ систа ри- уы къулты. Йæ галиу бæрцуатыл йæ армытъæпæн авæ- ры, къæхтыбынæй сулæфы. Йæ мидбынат æрлæууы, йæ фæтæн риувæйнæг размæ-фæстæмæ кæны, куырдадзы куынцау. Йæ рахиз фарс æхсæры къутæрмæ фæкомкоммæ. Мустучъийыйас цупæлттæ зæузæу кæнынц къалиутыл. Хуымæллæгау, зад у ацы аз æхсæр. Йæ худ йæ сæ- рыл зулаив æрсагъта æмæ къутæрмæ йæхи сивæзта. Стырдæр цупæлттæ тоны æмæ сæ йæ куырæты дзыппы- ты æвæры: „Мæ лæггагæн мæ кафеттæ æлхæнын фе- рох. Адоныл уæддæр ацин кæчдзæн4*... ^Ныр хъугомы былæй схызт. Уыдисныдæргъæн хъæ- бæрхоры æфсиртæ сæ къубæлттыл æрцауындзæг сты æмæ сæ ныййарæг зæхмæ хъусынц. Садуллæ дзы иумæ 132
æрывнæлдта, мæнæ йæ армытъæпæны хуыссы, хъьг- .былы мардыйас. Йæ сыгтæ дыууæрдæм ныппака сты; Тохсийыйас нæмгуытæ кæрæдзийы фарсмæ улæфынц; Садуллæ сæ иугай нымайы. Цал нæмыгыл хизы йæ цæс- тæнгас, уал хатты йæ сæр дæлæмæ-уæлæмæ æнкъусы. Ирдгæ хуымыл рæстæгæй-рæстæгмæ йæхи куы расæр: фы, уæд æнæхъæн хоры хъугом рафæйлауы. Афтæ фæзыны, цыма ныртæккæ былæй асæххæтт кæндзæн. Цæуы дарддæр. Уæртæ тæгæр къутæрты бын цъойы хуым иууыл тугыл аскъуыд. Арвыл æмбæлы, æппæт хорты сæрты каёсы. „Фидæнмæ йын фылдæр бынат раттын хъæуы. Уый нæ хæхбæсты мæнæу уи — хъуыды кæны сæрдар. Чысыл раздæр ма бæрзæндты хуры тынтæ хъазы- дысты. Ныр æвиппайды бæстæ æрæнкъард. Уымæн фæдзурынц, зæгъгæ, фæззыгон изæр талынгмилты йæ комы хæссы. Бæлццон хъæумæ феввахс кæны. Чысыл та æрулæ- фыд. Уæртæ сæ картофдоны фадыг, тар хъæдау, сау- далынгæй зыны. Йæ мидхъуыдыты сæ уæрмыты аны- мадта. Алкæм дæр сæ ныггæпп кодта, абарста, цас кар- тоф сæ бацæудзæн, уый. „Ног уæрмытæ къахын ма нæ бахъæудзæн", — загъта йæ мид-зæрдæйы æмæ дарддæр куыд акъахдзæф кодта, афтæ. цæхгæр фæлæууыд. Йæ цæстытæ асæрфта, къухаууон сын акодта æмæ хуымы фаллаг кæронмæ нымдзаст. — Кæд ма исты зонын, уæд уæртæ чидæр картофтæ къахы. Йæ фæстæ ногкъахт сау сыджытыл чысыл урс кæритæ зыны. ...Оу, мæнæ диссаг. Чи хъуамæ уа? Алкæмæн йæхи зæххы хайы дунейы кэртоф куы ис, уæд йæ хуыцау кæй ныццавта æмæ колхозы фæллой... — Йæ маст ра- фыхти. Хæрз æввахс куыд бахæццæ давæгмæ, афтæ йæ уый ауыдта. Сырдау уыцы иу сæррæтт фæласта æмæ гуыбыр-гуыбыр хъæуырдæм ныййарц. Æрмæст ма йын йæ къабайы фæччитæ ауыдта. ьзз
Чысыл æй басырдта Садуллæ, стæй йæ къух ауыгъ- та æмæ картофдонмæ раздæхт. Ставд, лæгъзбуар кар- тофтæ хицæн рæтты æйбырдтæй лæууынц. Лæг æрæ- внæлдта æ\æ сæ иу бынатмæ æрымбырд кодта, стæй сæ картофы хъæдтæй æрæмбæрзта. Чысыл фалдæр аф- тид голлагыл йæ цæст схæцыд. Систа йæ, æркæстытæ йæм кодта: бæзджын кæттаг голлаг, йæ астæу — тар- -<- цъæх тæлм. — Гм... — йæ мидбылты мæсты худт бакодта, — уы- цы налаты голлаг. Фарон горæтæй кæй æрбахаста, æмæ колхозæн туджы аргъыл кæй хъардта, уыдонæй. Йæ мады зæхх æнæхъæнæй картоф конд’у æмæ уыдонмæ не ’вналы, фæлæ ам æввонгæй... - Голлаг йемæ райста æмæ, тыфылтæкалгæ, хъæуы- рдæм рараст. Йæ са&ры алы знæт хъуыдытæ кæрæдзи æууæрдьшц: „Нæ, нæй йын ныббарæн, Дадойæн хъыг уыдзæн, фæлæ... Уæвгæ, дам, сæ уый дæр сфæлмæ- цыд. Мадæй, хойæ сæ йæ сæр фесафинаг уа... Ныхасы бадгæ баййæфта йæхицæй хистæр дыууæ зæронд лæджы. Сæ фарсмæ лæууыдысты фæсивæдæй чидæртæ. Салам сын радта Садуллæ æмæ сæ цурыæр- лæууыд. Лæгтæй йу йæ мидбынат базмæлыд, уæлæмæ йæм скаст æмæ сдзырдта: — Цы хабæрттæ ис районы? Æрбад æмæ нын исты- тæ радзур, Садуллæ. Цы хъуысы хæсты быдырæй? Сæрдар исдугмæ иицы сдзырдта, стæй тызмæгæй афтæ бакодта: — Районы хорз хабарæй дарддæр ницы ис, фæлæ мæнæ ам нæхимæ рæстмæ не сты хъуыддæгтæ. Чидæр нын нæ картофтæ сфæйлыдта. Мæн куы ауыдта, уæд ралыгъд. Мæнæ йæ мигæн’æн уым аззад, — æмæ голлаг зæхмæ æрæппæрста; Лæппутæ йæ фелвæстой, лыстæг æм æркастысты, стæ^ æмхъæлæсæй сдзырдтой; -’1- О, уый Сурæйы голлаг куы у!.. 134
1 — О, мард æрцæуа нæ колхозы % хæдзарыл Сурæти- ^æ! Кæдæм ма сæ фæлидзæм, уымæн куыницыуал зо- нæм! — мæсты стад фæкодта зæронд лæгтæй иу æмæ йæ -лæдзæджы бырынкъæй зæхх мæсты тъæпп æркодта: -— Марадз-ма, искæмæ сæ ардæм фæдзурут! Чысыл фæстæдæр Сурæйы мад, къаннæггомау сау ус, сыллынг-мыллынггæнгæ, лæгты цур æрбалæууыд. Знæт ракæс-бакæс кæны. Зæронд лæг æм йе ’рфгуыты бынты бакаст: ^ . — Уæ хорзæхæй, колхозы кусгæ нæ кæнут, æмæ ма уый — гъа! Ахæм цæсгом уын ис, фæлæ нæ бынтон уæ ибкæты бын бакæнынмæ куы ’рхъавыдыстут, бын- тон!.. Сымах нæ дæр хæст æндавы, нæ дæр хуыцау ^æмæ адæмы фыдæхæй тæрсут, фæлæ нын ныр та нæ иумæйаг исбон давынмæ бавнæлдтат, уæ бон ныккалат! — О, æрмæст абон бавнæлдтойГ, — йæ ныхас æрбап- нæрста лæппутæй чидæр æмæ фефсæрмы, хистæрты раз •æгæр хъæрæй кæй сдзырдта, уымæй. — Уæд хуыцауы фыдæх йæ хæдзарыл ныккæлæд мæнгзæгъæгæн,—стардзæгъдæн кодта ус. Уæдмæ уым <æрбалæууыд Сурæ дæр. — Фæлæу-ма, фæлæу! Ам хъæуы хистæрты дæ цъæ- хахсты бын ма фæкæн. Мæнæ уый кæй голлаг у?.. — сдзырдта дæндагæлхъывдæй Садуллæ. — Сурæйы голлаг, Сурæйы, — æрбайхуыст лæппутæй. —-Уæд уæ ныййарджыты раз тугхъæлæс суртæ фæ- ут, кæд ма махы йедтæмæ ахæм голлаг искæмæ ис! — фæтъæлланг кодта Сурæ. — Адонæн сæ цæсты зды куы ныттадзат, уæддæр нæ бæсæтдзысты, — фæхъæр кодта сæрдар. — Тæккæ рай- сом картофты къахтыл акт скæндзыстæм æмæ давæджы тæрхондонмæ ратдзыстæм! Сурæ йæ даргъ лыстæг æрфгуытæ æрбалхынцъытæ кодта, йæ тæнæг былтæ æрбассывта, йæ дыууæ лыс- тæг цонджы, калмы æвзæгтау, Садуллæмæ бадардта .æмæ ныззырзыр кодта: 135
— Кæд нæ дæн давæг, уæд дæ хъæбултæ амæлæнт! Æниу ма дын хъæбул та кæм ис, æвзæр чындзы мой хæрæг! > - Садуллæ цæф саджы богъ фæкодта. Иæ хъама йæ къухы ферттывта. Сурæмæ фессæста, фæлæ цæхгæр фæлæууыд.,. - У, налат сылгоймаг! Сурæ йæ бынатæй нæ фезмæлыд. Йæ бурбын цæс- тытæ хинцъынд æркодта. — Науæд нæлгоймагмæ хъама сласын бауæиддзынæ,. зæронд хъуызил!.. Лæг йæ дæндæгтæ ныхъхъыррыст кодта. Йæ хъама< тъæпæнæрдæм дурыл нырриуыгъта æмæ тæгæлтæ фæ- хауд. Йæхæдæг йæ бæрцуатыл йæ арм авæрдта æмæ^ калд тулдз бæласау, зæххыл сæмбæлд. Лæппутæ йæм сæхи баппæрстой... Мæлæты къæсæрыл Фæсивæд Садуллæйы йæ хæдзармæ æрбахастой*. Æрæвæрдтой йæ тæрхæгыл æмæ йæ дæлфæдты ’рды- гæй æрлæууыдысты. Йæ цуры бадтысты зæронд лæг- тæ. Тауче йæм, цæссыгкалгæ, чысыл бур авджы бахас- та зæрдæйы хос. Уидыджы йын дзы куыд æрцæйтагъта,. афтæ йыл рынчын, æнæдзургæйæ, æдтæмæ рахæцыд. йæ къухæй. — У, уаих фæуай, иу налат сылы мæнг фидис дæ- куыд æрфæлдæхта! — уайдзæф ын кодтой зæрæдтæ. Уый ницы дзырдта. Йæ цæстытæ, цыма, бынтондæр’ нæ ныкъкъуылдта, афтæ каст. Сау фæлм сæ, къæвда- боны мигъау, бадти. Стæм хатт-иу уыцы фæлмы æхсæн- ты афтæ ферттывтой, æмæ, хъамайы цъыккау, дзæн- гæлтæ кодтой. Уæззау, суанг къæхтыбынæй унæргъыд. Герсан пецы фалийæ лæууыд æмæ знæтæй каст куьь æрба’цæуджытæм, куы та йæ дадамæ. Йæ бынатæй ни-. 136
чердæм змæлыд. Йæ былтæ-иу скæуынæввонг рацъупп сты, фæлæ йæхи урæдта. Æппынæрæджиау, Садуллæ йæ фарсыл æрзылд. Йæ- , сыхæгтыл йæ цæст ахаста æмæ ныллæг хъæлæсæй сдзырдта: — Ацæут æмæ баулæфут. Райсом куысты бон у. Уе знаг уын балæггад кæнæд... мæнæн ма тæрсут. — Гъе, гъе, афтæ! Науæд дæхи ауагътай, цыма...— сдзырдта зæрæдтæй иу. Фæлæ ма уæддæр абадтысты. Æрæфтыдтой хæсты кой, ныхас кодтой сæ фæззæг- гуыстыл. Стæм дзырдтæ-иу æрбаппæрста Садуллæ дæр, стæй хæрзæхсæв загътой æмæ ацыдысты. УыдоРГ куыддæр ахызтысты, афтæ Герсан бауад йæ дадайы цурмæ, йæ цæстытæм ын хæрзæввахс ныккаст: — Дæ гоппа лиссы?.., Лæг æм исдуг æдзынæг кæсы, стæй йæ къухыл схæцыд æмæ йын йæ сæр æрсæрфта: — О, дæ, рынтæ ахæрон, о, риссы! Сывæллон ын уæд йæ чысыл армытъæпæн йæ даст сæрыл æрæвæрдта: — Мæнæ дын ам лиссы? Садуллæйæн, цыма, йæ хъуыр цыдæр æрбацæйæх- гæдта... Йæ цæстытæ стъæбæртт-тъæбæртт кодта. Дзурын ницы сфæрæзта, æрмæст йæ сæр разыйы тылд бакодта æмæ лæппуйы пух цонгмæ бавнæлдта. Тауче уæларынг архайы. Лæппу зæронд лæджы æм- гæрæтты, гæдыйы лæппынау, йæхи расæрф-басæрф кæ- ны. Фæрсы йæ цæмæйдæрты. Йæ урс боцъойыл ын йæ армытъæпæн æрсæрфы. Садуллæ хæдзары устыты срдыгæй фарсыл йæ цæст ахæссы, фæлæ дзургæ ницы скæны. Ныр дæр та бакасг æмæ афарста: — Уæдæ чындз кæм ис, уæртæ чызг? — Æвæццæгæн, уаты ис,—дзуапп ратта Тауче, пе- цыл кæрдзын зилгæйæ. Фæлæ сæ чындз уаты нæ уыдис. Изæры йын йæ 13?
хицауы куы ’рбахастой, уæд иу зынд фæкодта. Йæ цæсгом комкоммæ бакæсын никæмæ хъæцыд. Ибон ын йæхицæн уыцы туджы фидис куы бакодтой, уæдæй нырмæ йæхи адæмæй хизы, йæ дзыхæй сыбыртт нал- хауы. Хатт йæ микæнинаг йæ къухæй æрхауы, цы яразы, уый дзы айрох вæййы. Ныр та, мæнæ, схæссæг фыдау æй чи рæвдыдта, „дæ рынтæ ахæроныи йедтæмæ иунæг тызмæг цæстæн- гас кæмæй нæ зоны, уый зæрдæ дæр æгъатыр адæй- маг, калмы цæфау, фæхъæстæ кодта. Цы ма бакæна ацы æрыгон идæдз, куыд ма цæра йæ уарзон хъæубæсты астæу ахæм æгады номимæ. Канд адæм нæ, фæлæ цыма дурæй, хъæдæй иууыл ууыл яудынц, уый кой кæнынц, афтæ йæм кæсы. Йæ кад- джын хицауы урс зачъетæм мацы цæстæй бакæсдзæн?.. „...Нæ! Мæнæн а дунейыл афтæмæй цæргæ нал у. Ме гады ном, сау калмау, мæ фæдыл зилдзæн, сыф- сыфгæнгæ. Æмæ канд мæ фæдыл нæ... Ме ’фсымæрты, <æгас мæ мыггаджы, мæ хæстæджыты, мæ чысыл хъæ- бул куыд рæза, афтæ арфдæр лæсдзæн йæ зæрдæ- мæа... — сагъæс кæны ус сæ балкъоны къуымы æрттæ- дæлармæй.- ♦ Йæ мидхъуыдыйы ныххæццæ комы тæлтæг донмæ, сæрсæфæн ауыгъд къæдзæхы сæрмæ... Фæкомкоммæ хъуарийы бынмæ схизæн асинмæ, фестъæлфыд... Хуыс- нæгау, фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта, стæй къулы рагъæнæй синаг раскъæфта æмæ иу уысммæ цармæ фæ- уæлиæ. ...Мæйрухс хъуарийгы гом ныхæй кæсы дзаг цæстæй. Рагъхъæдыл зæбулæй лæууы цасмæлхынцъ синаг. Йæ разы знæтхуызæй— æвзонг сылгоймаг. Йæ цæсгом — фæ- лурс, цæстытæ астыртæ сты. Суанг сонты бонтæй фæстæмæ цы федта, цы бавзæрста, уыдон йæ рæзты тагъд-тагъд згъорынц, кинонывтау... ! Майы бæрæгбон. Æризæр. Фæсивæд хъазтæй рай- хæлдысты. Алчи йæ хæдзармæ цæуы. Битарон Сафиа- 13&
тæн йæ сырх касинкæ, арты æвзагау, йæ армы судзы, афтæмæй сæхимæ фæуайы. Ныллæг хъæлæсæй йæхи- дæн зары: Дари быдæй кæй уафынц, Уый мæ ронæн куы уаид. Адæм æппæт кæй уарзынц, Уый мæ мойæн куы уаид... Уалынмæ йæ æрбаййæфта Туаты Сафар. Уымæн дæр йæ халас бухар худ йæ къухы. Йе стыр сæры хъуынтæ йын ирдгæ фæйлауы. Сафиат æм хинцæстæнгас баппæрста: — Лæппу, зæххы бынæй февзæрыдтæ, æви?.. — Нæ! Хуыцау мæ дæ амондæн уæларвæй æрæппæр- ста æмæ иумæ цæудзыстæм. —Дæуæн дæ фæндаг æндæрырдæм у, махырдæм дæ ницы хъуыддаг ис,—дзуапп радта чызг æмæ цыма ныры онг зонгæ нæ уыдысты, уыйау йæ цыды хай кæны, æх- ситтæй заргæ. ; — Уагæры афтæ уæ хæдзармæ куы цæуин, уæд мыл, . æвæццæгæн, куыйты сардауис,—хъуызгæ мидбылхудгæ йæм зулаив бакаст лæппу æмæ йæ сæры хъуынтæ йæ армытъæпæнæй фæстæмæ эдаудта. ■—Æмæ уæд цы? Нæ хæдзары къæсæрæй бирæ дæ- уæй хуыздæр уазджытæ ракаст. —Гъе, æмæ уæм ахсæв та æз бафысым кæндзынæн. Уадз, æмæ уæ иу æвзæр уазæг дæр ракæса. —Раст зæгъыс. Адæймаг дзул æмæ мыд хæрынæй дæр фæлмæцы. Ацу æмæ æдзух хорз уазджытæн лæг- гад кæн, — сдзырдта бынтон æцæггъуызæй Сафиат. —Уæдæ разы дæ? — ферттывтой Сафары цæстытæ, —Разы дæн! Кулдуармæ бахæццæ сты. Лæппу æрлæууыд. — Цæй, ныр—хæрзизæр рау! 139
— Æмæ куыд бадзырдтам? Ау, уæдæ иу æвзæр уа- зæг уымæй уæлдай нæ къæсæрæй никуы бахиздзæн?..- — Дæ мад дын миййаг дæхи дæр куы ратæра маен тыххæй. ...Стыр сау гæды стæррæст ласта хъуарийы бынмæ, Битарон фестъæлфыд, раст, цыма, æвиппайды, йæ тарф фынæйæ фехъал, уыйау. Ирдгæ æрбадымдта æмæ дзе- дзлой синаджы тымбыл цæг усы тæккæ сæрмæ æн- къуыста, мæнæ дæн, зæгъгæ, цæмæ ма кæсыс?.. Сафиат фæстæмæ фæлæууæгау кодта. Синаг нæ, фæлæ уæлæ калм йæхи скъæдз кодта æмæ йæм ныр. тæккæ фæлæбурдзæн. Йæ цæстытæ тынгдæр астыртæ сты. Йæ зæрдæ сгуыпп-гуыпп кодта. Ногæй та цыдæр нывтæ згъорынц... Уæлдайдæр уыцы фæстаг сæурайсом — йæ лæг хæст- мæ куы цыд... Афæдз дæр нæма рацыд сæ чындзæх; сæвæй æмæ ныр мæнæ хицæн кæныиц. Чи йæ зоны> искуы ма сæ кæрæдзи фендзысты... — Ма тæрс, мæ дунейы рухс. Мæ мад æмæ дæ мæ фыд сæ иунæг чызгæй фылдæр уарзынц. Цæрдзынæ; Уæдмæ кæд хæст дæр фæуид æмæ дæм зьшин. Уæвгæ, цынæ йæййы. Зынг зæгъынæй, дам, ком нæсудзы: хæст хæст у, хъулæй хъазт нæу. Уæд-иу... Æвзæр мæрд- джыныл адæм худгæ фæкæнынц... Усæн рифтæгтæ йæ къухы, афтæмæй йæ хæкъуырцц райхъуыст... —-Ныридæгæн цæссыгтæ?.. 0, æмæ мын миййаг фæцу æмæ марцуйы фæндаг куы уа, уæд-иунæ сабийы мадæй дæр ма фæсидзæр кæн. Уый æнæмæнг лæггаг уыдзæн, — æфсæрмы мидбылты бахудт Сафар. — Æцæг худина- джы фæлтау, æвзонг идæдз ног амонд куы ссара, уæд аивдæр у,— сдзырдта лæг, йæ риумæ йæ æрбалхъывта æмæ йын йæ хуылыдз уадулæн ныпъпъа кодта. Уæдмæ дуарæй йе ’мбæлццоны хъæр æрбайхъуыст: I— Гъей, Туайы фырт! Хур арвы астæумæ фæхæццæ кæ!ш. 140
— Æтт, мæ хæсгæ мардыл! Худинаджы бын фæдæн. Æгæр ’ мын байрæджы,— рифтæгтæм фæлæбурдта, йæ сауцæст Сафиатмæ ма иу хатт, фæстаг хуры тыны ферт- тывдау, фæлмæн мидбылхудт баппæрста æмæ дуар фе- гом кодта... ,, Æцæг, худинаджы фæлтау, æвзонгидæдз"...— искæи- мæ дзурæгау, сирвæзтысты ацы дзырдтæ усæй. Цы ма вæййы худинаг: ме гады кой кæмтты куьшæуал цæуы. Нæ, нæ, мæхи Сафар, æз дæу нæ фæхъыг кæндзынæн. Бæргæ мæ уд сыгъдæг. у, мæ зæрдæ мæхиуыл нæ худы, фæлæ уый чи зоны?.. Мæ сау кой, сау сынтау, спæр- рæст кодта æмæ ма йæ чи æрцахсдзæн, чи йæ æрæппар- дзæн йæ рæстдзæф нæмыгæй... Нæ, нæ, мæнæн а дуне- йыл цæргæйæ нал у. Хæрзбон, мæ зæронд мад, хæрз- бон, мæ чысыл хъæбул, мæ зæрдæйы уидаг... Хъуарийы бын дæлгоммæфæлдæхт зæронд агыл слæу-. уыд, бæндæны цæг йæ сæрыл æркæнон куыд загъта, афтæ йæ фырты кæуын йæ хъустыл ауад: — Дзыц-ц-ца... Дзыц-ц-а-а!.. Усæн бæндæн йæ къухæй куыд феуæгъд, уый зон- гæ дæр нæ бакодта. Йæ уæнгтæ ныддыздыз кодтой. Йæ зæрдæ суынгæг, йæ хъуыр æрбахгæдта... Ныллæг хъæлæсæй ма тыхæй-фыдæй сдзырдта: —Мæ иунæг хъæбул, цы кæныс! Мæнæ дæн, мæнæ» ма ку... фæцæуын дæм... Сындзæрх Мамион а фæстаг бонты тарфдæр у. Сыхаг устытæ йæм æхсæвбадæн фæкæнынц. Куы йæ ныууадзынц, уæд- дæр ма сæ исчи йа> цуры баззайы. Ныртæккæ мæнæ Тауче бады йæ сынтæджы раз. Йæ базыл ын уæлдæр схæцыд, стæй йын йæ къæхтæ æрныуæрста. • Ус фæд- фæдыл дыууæ арф улæфты скодта. — И-и... хæрзудыбæстæ фæу, — сдзырдта мæллæг, 141
хъæрзгæ хъæлæсæй æмæ чызгмæ йæ мигъæмбæрзт цæс- тытæ разылдта: у — Уæхимæ уал ацыдаис, гъы, дæ сæрыл хаст фæ- уон. Дæ зæронд фыд дæр куы бахус, Знон мæм æрба- уад, мæ цуры абадт. Ныттар сты йæ кæддæры цæхæр цæстытæ, æрмæст ма йыл, мæгуырæг, йæ урс зачъе ауыгъдæй лæууы. Ауай æмæ уал^ын æхсæвæр бахæ- рын кæн. Уæ чындз дæр, дам, æм куынæуал кæсы... — Æхсæвæр нæ, фæлæ уыцы æнамонд изæрæй фæс-г тæмæ бон дæр къæбæр ады хæрд никуыуал бакодта, — дзуры чызг. — Йæ зæрдæмæ хъусынтыл фæци. Кæд куысты вæййы, уæд хорз, науæд хæдзары къуымты, бал- къоны, кæрты æбæрæг разил-базил кæны, цыма истьг агуры, уыйау. Арæх уатмæ бацæуы. Нымдзаст, вæййы куы мæ мæгуыр мады, куы ме ’фсымæры нывмæ... цы- дæртæ фæдзуры семæ ныллæг хъæлæсæй... йæ цæсты- тæ тымбыл къухæй асæрфы, цæхгæр фæзилы, дуа- рæн феддæ вæййы æмæ та рацу-бацу... Кæд ыл нæ. сывæллон фембæлы, уæд ууыл фæвæййы æмæ йæ судз- гæ маст фæстагмæ æрбайсæфы. Мамион базмæлыд, йæ фарсыл æрзилынмæ хъавьь Тауче йын арæхстгай æххуыс кæны. —- Битарон ма йæхæдæг дæр йæхи афтæ æргæвды, бецау? — йæ хус æнгуылдзтæй йæ урс дадали фæстæмæ асæрфта ус. — Уæдæ цы кæны. Адæймаджы хуызæн нал у. Йæ зæрдæ асаджилтæ вæййы. Цы фæархайы, уый бирæ хатт нал фæхаты, йæ миаг йæ къухæй æрхауы. Æдзух кæу- гæ, дзыназгæ. Уый бæрц дзы цæссыг та кæцæйцæуы... Мæнæн, дам, мæ цард ницыуал у. Æдзух æм бинон- тæй, сыхагæй нæ цæст дарæй. Миййаг йæхимæ йæ къух .куы сиса. Æмæ, æвæццæгæн, нæ фæфæстиат уаид, фæлæ, дам, исчи афтæ куы зæгъа: кæд нуры нæ ба-' хордта, уæд цæмæн дуды, зæгъгæ?.. Х[атт йæ цæгатмæ фæцæуын дæр сфæнд кæны. Мах дæр ын сразы вæййæм, кæд дзы йæ дудгæбон чысыл. 142
айрох уаид. Фæлæ йæхæдæг цæхгæр ныззилы. Кадимæ, дам, сæм куынæ ныццæудзынæн. Мæ сау кой, дам, сау, халонау, мæ мыггаджы хæдзары уæлкъæсæрæй мидæ- мæ куы марой кæны. Зæронд лæджы раз къæбæр нал æрæвæрдзæн, йæ;> уат, ьш нал бакæндзæн, комкоммæ йæм нал бакæсдзæн.> Йæ зылдтытæй куы фервæзы, уæд тагъддæр—йæ уатмæ*. цæмæй макæй уына. — Дæ сæрыл хаст фæуон, чысыл ма мæ рабадын кæн... гъе, гъе, афтæ. Базтæ мын мæ фæсонтæм æрбат нæм. О, о, хæрзныхы дзуар фæхæсс, — арф ныуулæфыд* рынчын. Басабыр, сыбыртт никуыцæй хъуысы. Тауче пецы размæ бацыдис. Æнæкъæрццæй йын йæ« дуар бакодта. Цыбыр æртысгæнæй зынджытæ иу ран- мæ æрбасæрфта. Цалдæр æндзарæны сыл æрæвæрдта æмæ сæ фу-фу райдыдта. Йæ рæсугъд уадултæ адымс- адымс кæнынц. Сугтæ ссыгъдысты, чызджы тымбыл цæсгомыл сæуæхсиды базыр ахъазыд, хъарм ба йын акодта. Пецы дуар бахгæдта. Æрбацыд та рынчыньг цурмæ. > Уый иу ранмæ æдзынæг кæсы, афтæмæй райдыдта: — Уыцы налат сын чысылæй дæр афтæ уыд, афтæ, сау бон ыл бакæна. Сурæйæ зæгъын, Сурæйæ. Зæхмæ никуы æртасыд. Пыхцыл сæрæй уынгты лекка кодта æмæ æдзух уыд дзырдтæ радав-бадавыл. Канд йе ’мка- рæнты нæ, фæлæ-иу хистæрты дæр кæрæдзийыл баф* тыдта. Йæ мад ын макæ никуы загъта. Уый нæ, фæлæ- иу йæ сæрыл, цъиуджын каркау, рагæпп ласта. Цыма ныр кæм и, кæм, уыцы мæрдты бирæгъ? — загъта ус æмæ йæ хæтæлы хуызæн цонгæй базмæ æрбавнæлдта, йæ айсыныл архайы. Тауче йын сæ арæхстгай айста, йæ нывæрзæн ын сæ æрæвæрдта æмæ рынчын йæхи æруагъта. Чызгмæ йæ цæстытæ сзылдта, ома дзур, мæ фарстæн дзуапп... — Дадо йæ мад æмæ йæ хоимæ сау быны хыл фæ- ци. Семæ нал цæры. Бон фермæйы вæййы, æхсæв та 143
сæ фаллаг уаты—дуарæхгæдæй. Сурæ сын кæдæмдæр фæфардæг: Æвæццæгæн, ахсынæй фæтарст. Чи та аф-. тæ, йæ фыд, дам, кæм ис, уырдæм фæцыцис. Æмæ йæ ахсгæ дæр æркодтаиккой, фæлæ Саду милицæйы хис- тæрæн балæгъзтæ кодта: ныууадзут, дам, æй. Йе ’фсы- мæрæй дæр, дам, худинаг у. Мад цæры сæ хæдзары. Хъæубæстæй йæм* ничи дæр цæугæ кæны, ничи дæр— дзургæ... — банцад Тауче. Мамион уæлгоммæ хуыссы. Йæ цъæхцъар хъæццулы йын йæ хауд риуы къæй бæрзонд сисы æмæ та æруадзы. Бæрæг уыд, Таучейы ныхæстæм кæй нал хъуыста, фæ- лæ йын æндæр уæззау сагъæс йæ зæрдæ кæй æууылд- та. Æрæджиау йæ сæр чысылгай разылдта. Йæ урс дадали, мæйрухсы тынау, йæ фæлахс уадулыл æрзæ- бул. ... — Цымæ мæ хъæбулыл цы ’рцыдаид?.. Æфсæддон службæйæн, дам, нал бæззын. Дæдæдæй, сау бон мыл •æркæна. Йæ цæрдæг къæхтæ... йæ домбай цæнгтæ. Цы- фæнды хуызæнæй дæр ма дæ мæ цæстæй куы фенин... о, ме скæнæг хуыцау, бынтон нæ ма фесаф... —-ныу- унæргъыдта æмæ басабыр. ,- Тауче йæм ныллæг æргуыбыр кодта: — Фендзынæ йæ, фёндзынæ, Гыцци. Хæстæй ныр хорз хабæрттæ хъуысы. Немыц рæхджы саст æрцæу- дзысты æмæ уæд нæ хæстонты иууылдæр ардæм хъæ- уы. Фæлæ дæуæн дохтыр куыд амоны, афтæ бакæн. Рынчындонмæ уал ацу æмæ сдзæбæх уай. Алæг дæ бынтон æнæнизæй куыд æрæййафа. Ус ницы дзуры. Рафт-бафт райдыдта, тагъд-тагъд хъæрзы. Стæм хатт йæ хырхыр райхъуысы. Тауче старст. Цы акæна ныр ацы æнафоны? Чысыл •фынгæй цайы агуывзæ райста. Рынчыны сæрыл йæ иу къухæйхъавгæ схæцыд æмæ йын æй йæ дзыхыл сдардта. Мамион дзы цалдæр хъуыртты акодта, стæй чыз- дн^ы цонгыл йæ лыстæг æнгуылдзтæй ныззæгæл: — Рынчындонмæ?.. 144
Тауче йæ сæр батылдта, о зæгъгæ. —<Мæ...<мæ... иунæджы хæдзар сындзæрх1 скæнон? Уæд та... æрцыд... дуар ын чи бакæндзæн, чи?.. Фæлæ йыл кæд... кæд къах нал ис, нал... уæд иу къах æви дыу- уæ дæр?.. Уæд... уæд... куыд æрбацæудзæн?.. — Йæ цæссыгтæ лæдæрсынц æмæ лæдæрсынц. Йæ хус был- тыл йæ урс æвзаджы къоппа рахæссы... Тауче йын йæ цæссыгтæ къухмæрзæнæй сæрфта: — Цытæ дзурыс, Гыцци! Алæг саджы хуызæнæй æрцæудзæн. Æппындæр ын ма тæрс. Де ’фсымæр Хъаз- бег дæр афтæ загъта. Зæронд ус нындзыгау. Сыбыртт дзы нал хауы. Нал æмæ нал фезмæлы, стæй та ч йæ дзых фæхæлиу кæны æмæ арф ныуулæфы. Тауче тыхсы. Цы ма акæна, уымæн ницы зоны. Дуар- мæ рауад: кæд æрбабон, уæд сыхæгтæм фæдзура. Фæлæ нырма бæстæ — саудалынг. Фæстæмæ æрбаздæхт. Ус рафт-бафт кæны. Йæ цæстытæ куы æрæхгæны, куы та сæ бакæны. Йæ хид фемæхст. Мила сæ кæрты нын- ниудта ныр æртыккаг хатт даргъ, зæрдæхалæн ниуд... Чызг бынтон старст æмæ та дуармæ йæхи раппæрс- та. Кæцæйдæр уасæджы уасын æрбайхъуыст. Хæдзары дæлбазыр Мамионты уасæг дæр йæ базыртæ нытътъæпп** тъæпп кодта æмæ йæ цъæхснаг хъæлæс даргъ айвæз- та. Тауче та никæмæ адзырдта, фæстæмæ æрбауад. Ус базмæлыд, ракаст æм: — Рынчындонмæ... мæ хæдзар та æхгæнгæ... сын. дзæрх... нæ... нæ...-— æмæ йæ цæстытæ æрæхгæдта. Чызг йæ нывæрзæн æрбадт. Йæ урс дадали йын йæ сæрбæттæны бын банадта. Йæ ныхыл ын йæ армытъæ- пæн æрæвæрдта. * ... — Никуы ма ис Алæг?.. дуар гом у, гом, мæ хъæ* бул... æрцыдтæ! — хъæрæйдæр сдзырдта æмæ йæ сæ- рыл схæцыд. Тауче йæ фæстæмæ æруагъта. Ныхъхъус рынчын... Йæ цæстыты хаутæ чысыл кæрæдзимæ æрæввахс сты. 10* 145
„Тæхуды, уæд та куы афынæй уаид", —хъуыды кæны чызг. Йæхицæн дæр йæ цæстытæ хуыссæгхъæлдзæгæй ныхæсынц. Æркувтæркув кæны... Милайы „æм-æм14 æр- байхъуыст, стæй йе 4хсызгон хъысхъыс. Уалынмæ йæ уæлвæд дуар æрбайгом. Æрбахызт Садуллæ. Рынчын та йæ сæрыл схæцыд: — Алæг!.. Дæ иу къах, æви?.. — Æнæниз уай, æнæниз, Мамион! —йæ цуры æрлæу- уыд лæг. Фæлæ йæм уый ницы сдзырдта. Хуыссы уæл- гоммæ. Йæ сæры бын—Таучейы армытъæпæн. Йæ цæс- тытæ бынтон бахгæдта. Йæ улæфт ныссабыр... Æваст базмæлыд. Йæ хырХыр райхъуыст. Иу каст ма фæкод- та. Йæ рахиз цонгыл уæлæмæ схæцыд æмæ хæрз ныл- лæг хъæлæсæй сдзырдта: — Сыи... дзæрх...х.. х... —стæй йæ цонг æдыхæй æр- хаудта... Тауче ныцъцъæхахст кодта æмæ фестад. Садуллæ йæ худ систа. Усы сынтæджы раз æрзо- йыгуыл кодта æмæ йын йæ дæрзæг æнгуылдзтæй йæ цæсты уæлтъæфæлтыл æрхæцыд... Топпыхосы тæф Æхсæвы хъæбысьг, рæгъауы галы богъау, анæрыд поезды дæргъвæтин уаст. Сабырæй-сабырдæр кодта йæ цыд, йæ дзæхст-дзæхст, стæй фæллад, лæфлæфгæнгæ, вокзалы æрлæууыд. Вагоны асинæй æргæпп ласта бæрзонд, бæзабрхыг сержант. Бур, фæтæн рон ын æнгом æлвæста йæ нарæг астæу, йе стыр аргъæвæг дзæнхъирдæхсæвы мæйрухс- мæ тæмæнтæ калдта. Бæлццон йæ хъусджын, уæлдзарм худ йæ фæтæн ныхы фæйнæгæй уæлæмæ фесхуыста. Йе *ккой — йæ дзаумадон, кæттаг дзæкъулы бæстæ йæ уæхсчытæм арфдæр æрбалвæста æмæ вокзалгæрон бæрзонд бру- мæ^бацыд, банцой йыл кодта æмæ æдзынæг кæсы. 146
Уæлæ, гъе, йæ райгуырæн урссæр хæхтæ. Йæ зæр- дæ фырцинæй риувæйнæг ныххоста. Цыдæр йæ хъуыр- мæ ссæуы, æрбацæй йын æй æхгæны, фæлæ йæ фæс. тæмæ нынныхъуыры. Йæ цæст нæ исы, уæлыгæс фый- йауæй кæм фæхатт, фыццаг хатт схъæлфындз цæвæг кæм расæрфта, уыцы рæгътæй, уыцы лæгъз фæтæнтæй. Уым, дæлдæр, комы дымæджы та цæры йæ зæронд мад, йæ комдзаджытæй йæ чи фæхаста, йæ доны къу- сæй дæр йæ иунæг хъæбулы цæрæнбон чи фæкувы, уыцы мæллæг, рынчынтæгæнаг ус. Лæппу фенкъард, хъуыдыты амыгъуылд... Цымæ цы- ми кæны афонмæ йæ мад? Хъазбег æм афтæ куы фыс- та, зæгъгæ, а фæстаг рæстæджы арæх рынчынтæ кæны. „Цымæ йæм йæ тыхсты сахат чи фæкæсы, арт ын чи скæны, йæ дзыхыл.ын дон чи сдары?..а Йæ цæсты раз февзæрд Тауче. Йæ дзыппæй систа бæстон цыппæрдыдагъ къухмæрзæн. Цалдæр азы йæ хæсты быдыры, мысайнагау, фæрахæсс-бахæсс кодта сыгъдæг æвæрдæй. Йæ ныхы хид дзы никуы асæрфта, топпыхосы тæф скæндзæн, зæгъгæ. Уый нæ, фæлæ йæ цæф бабæттынæн, кæнæ комраз саразынæн дæр нæ сис- таид. Æрмæст-иу æй аулæфты сахат райхæлдта, æдзынæг æм каст. Йæ тæккæ раз-иу февзæрд, чи йын æй радта, уый уарзон сурæт — уыцы хур райсом хъом- доны кæрты йæ цыбыр уисоимæ. Уæртæ, гъе, йæ сæр иуырдæм фæзылдта æмæ та йе стыр дзыкку фæдзой кодта. Сержанты былтыл æхсыз- гон мидбылхудт ахъазыд. Æртæ азы размæ йæ фындзы бын цы тæнмилтæ уыд, уыдон ныр рабæзджын сты. Æгæрыстæмæй, хæхтæй раулæфæг рæубазыр ирдгæйы цæр^чысыл фæуромынц. Йæ зæрдыл æрлæууыд уыцы райсом сæ ныхасы кæрон: „Æмæ дын æз та цы балæвар кæнон?а „Дæ къæрæмис мына... „Уæдæ цалынмæ здæхон, уæдмæ дын мæ зæронд мад дæр йемæ —лæвара... 147
„Е, мæ зæронд мад. Цымæ йæ куыдæй баййафдзын- æн?" — асагъæс кодта Алæг. Вокзалы змæлæг нал уыд. Бæстæ уалдзыгон æхсæ- вы адджын фынтæ уыдта. Сержант уæддæр йæ мидбы- натæй не змæлы. Алы сагъæстæ йæ сæ урсбарц улæн-ч тыл рахæсс-бахæсс кæнынц йæ райгуырæн хæхтæй суанг йæ карз хæцæнуæттæм. Иу милиционер æм æввахс бацыд æмæ сдзырдта: — Æмбал сержант! Уый сыбыртт.дæр не скодта. Уæд та йæм фæдзырд- та: — Товарищ! — Ныр дæр дурдзавдæй лæууы. — Амханаго! — тынгдæр ныхъхъæр кодта лæг. Абабау! — читт дæр нæ кæны бæлццон. Уæд æм бацыд æмæ йын чъылдымырдыгæй йæ цон- гыл рахæцыд: —■ Æмбал, сержант! Ам цæмæ лæууыс, ныр æмбис- æхсæвæй раджы куы ахызт?! Лæппу цæхгæр фæзылд. Йæ худы ныхыл. сырх стъа- лы, йæ сæрмæ электроны цырагъы рухсмæ, бæрæгæй фæзынд. Милиционермæ æдзынæг бакаст, стæй горæты •рдæм фæраст. Иудзæвгар куы рауад, уæд цæхгæрмæ уынджы фæзылд. Мæйрухсмæ хæдзæртты номыртæм кæсгæ цæ- уы дæлæмæ-дæлæмæ. Фисыны иу цъæхахуырст кулдуа- ры раз æрлæууыд. Йе ’хгæнæнты къæбæлгондыл ын хæрдмæ фæхæцыд æмæ лæгбахизæн чысыл дуар байгом. Ныллæг асиныл балкъонмæ схызт. Уаты дуары раз чы- сыл алæууыд, стæй йæ бахоста. Уайтагъд фæрссаджы авгæй рухс ракалд. „Гъа, гъа! Сыстадысты мæ фысымтæ. Ныртæккæ"... — ахъуыды кодта лæппу. Йæ зæрдæ риуы къулты срог. Фæлæ нæй, дуар нæ гом кæны. Ногæй бахоста. Ничи ЗЫН^>1... Йæ мады 4фсымæр Хъазбег уыцы ’хсæв хæдзары 148
нæ уыд æмæ Алæг фыццаг хатт куы бахоста, уæд æй æфсин йæ лæг* фенхъæлдта æмæ йæм радз’ырдта: — Ды дæ Хъази? — Фæлæ та уæдмæ дыккаг хатт куы ’рбахостæуыд, уæд хорзау нал фæци æмæ тарст хъæлæ- сæй афарста: — Чи дæ? Кто там? Уæдмæ сержант къухæй нал, фæлæ дуар йæ уæз- зау цырыхъхъæй ныххоста. Ус фыртæсæй нырдиаг кодта. Къулæй ифтыгъд цент- ралкæ раскъæфта æмæ дуары ’рдæм — гæрах! Алæгæн йæ худ асхъиудта. Фæстæмæ фæзылд* фел- вæста йæ, æркаст æм. Мæнæ йæ ных цæрдхуынкъ фæци. Стъалыйы иу сиучы кæрон дæр чысыл мидæмæ фæтасыд. Тымбыл къæбæлдзгуыты хъуынтæ ацарыдыс- ты æмæ топпыхосы тæф кæнынц. Лæппу бамбæрста, чидæр æй . топпæй кæй рахста, уый. Йæ зæрдæ сгуыгш-гуыпп- кодта. Йæ улæфт сы- тынг æмæ йæ цæстыты дон абадти. Иу уысмы бæрц ма æнцад алæууыд, стæй фæстæмæ йæ фæд, йæ фæд фæраст сæргуыбырæй. Дуармæ рахызт. Хæдзары фисыныл банцой кодта æмæ сагъæс кæны: цы фæуа, кæмæ бафысым кæна ацы ^ æнафоны? Чи йæ бауадздзæн, йæ мады ’фсымæртæ йæ топпæй куы хсынц, уæд?!. Хæрдмæ скаст. Ныр, æвæццæгæн, бонмæ дæр бирæ нал ис. Æнæнымæц стъалытæ æнæ мигъы къæм арвы, сивыры тæмæнтæ калынц. Цæлхыдзаг мæй Ныгуылæн- мæ фæкъул. Бæстæ бынтондæр — æгуыппæг. Æрмæст уддзæф раулæфы æмæ бæлæсты къалиутимæ асусу-бусу кæны... Сержант суазал. Йæ. фæтæн уæхсчытыл хæрдмæ фæхæцыд, йæ худ арфдæр æркодта æмæ сæхирдæм араст. Йæ райгуырæн хæхты ирдгæ йыл узæлы, дауы йын йæ уадултæ, зилы йæ дæллагхъуырты. Рогдæр ын, кæны йæ къахайст, йæ уæнгты змæлд. Комы куыд арфдæр цæуы, афтæ йæ разы стынц йæ^ 149.
зонгæ бынæттæ, Мæнæ, гъе, уæлвæндаг, къæдзæхы сак- комæй пуртитæ æппары кæддæры карз суар. Йæ разы лыстæг хуыртæ сыгъзæрин æрттывд кæнынц мæйрухс- мæ.о Йæ зæрдыл æрлæууыд иу æхсызгон цау. Иуахæмы сæ хъæуы фæсивæдæй кæимæдæрты, район- мæ цæугæйæ, ам æрулæфыдысты. Суарæй-иу чи анызта, уый йæ былтæ асæрфта æмæ дарддæр цыд. Тауче æмæ Алæг аззадысты æппæты фæстæ. — Баназ! — сдзырдта Алæг. — Нæ, ды уал! — йе ’рфгуыты фæзылдæй йын суар- мæ ацамыдта чызг. Алæг йæ сæр батылдта, нæ, зæгъгæ. Тауче йæ къухтæ ахсадта, стæй сæ’ къусгонд акод- та æмæ йæ суарæй йæ тæккæ дзагæй лæппуйы дзыхмæ бахаста. Уый йын йæ дыууæ цонджы хъулы нылвæста. Йæ уæнгты цыдæр тæвд улæн анхъæвзта æмæ доны йæ тæнæг былтæ нытътъыста. Нуæзт раджы фæци, фæлæ чызджы. армæй йæ дзых нæ исы, нæ дæр ын йæ цæнгтæ уадзы, афтæмæй йæм йæ даргъ æрфыджы бын- ты йæ цæсты зул дары. Чызг исдуг фæджихау, уый æнхъæл никуы уыд сабыр, мадзура Алæгæй, стæй - сæфсæрмы, йæ цæсгом ныссырх æмæ йæ къухтæ ратыдта... Æппæт ацы хабæрттæ ныр йæ зæрдыл æрлæууыдыс- ты. Дойны йын нæу, фæлæ йæ худ уæлæмæ фесхуыс- та, ныддæлгом æмæ абузгæ суары йæ былтæ аныгъуыл- дысты, æнхъизгæ цæппузыртæ йын сæ æхсызгон ахъы- дзы кодтой. ...Арвы кæрæттæ рухс райдыдтой. Алæг комы дымæг- мæ бахæццæ. Сæ хъæу дард нал у. Уæвгæ йæ ныр хæрды цæуьш хъæуы, фæлæ уайы, йæ фæллад ницæ- мæ дары. „Цымæ афонмæ гыцци цы микæны?.. — хъуы- дыты ныгъуылы лæппу, — сыстад æмæ хъуг дуцынмæ рацыд... Цымæ ма нæ дыууæ хъуджы дæр нæхимæ сты. Куы 1мæ фена, уæд та фырцинæй кæуынмæ фæ- уыдзæн... Фæлæ стæй хабар куы базона, уæд, бецау"... 150
Цæуы дарддæр. Уæлæ-иу йе рагъы нуæрттыл кæм ратул-батул кодта, уыцы фæзтæ, йæ уæрыччыты хи- зæн къуылдымтæ, дуртулæн фæхстæ, гæлæмытæй хъа- зæн лæнкаутæ. Йæ уæнгтæ срог сты, цыдæр тых æй размæ скъæфы. Схызт уæлбылмæ. Уæртæ се скъола, раздæр куыд уыд, афтæмæй лæууы. Æрмæст йæ хъуари фæсаудæр. Йæ разы стыр.фæзы нæуу кæмдæрты чысыл фæцъæх- тæ. Алæг æрлæууыд. Йæ цæсты раз згъоры иу ныв иннæйы фæдыл. Мæнæ Тауче бады ныллæг бандоныл. Фæндыр йæ къухы сæдæ хъæлæсæй дзуры. Йæ рæ- сугъд æнгуылдзты бынæй мæйрухс изæры хъазты размæ, бæлоны лæппынтау, тæхынц мингай кæлæнгæнæг зæлтæ. Уалдзыгон зæгъы фæлмæн æртæхтау, зæрдæйы тайынц. Ацы æрдхæрæны зæлтæ Алæгмæ хæсты быдыры дæр хъуыстысты куы уазал акъоппæй, куы дыдзырухс ныккæнды къуымæй, куы стыр тохы топпыхосы фæздæ- гæй... Алæг сæ ныр фæстæмæ дæр йæ зæрдæйы æрхас- та, фæлæ йын сæ æлгъысты хæст бакъуырма кодта, хъус- гæ сæ нал кæны... Сержант йæ сæр банкъуыста, йæ цæстытæ асæрфта æмæ цæуынмæ фæци. Нырма раджы у. Хуры тынтæ гæзæмæ ацахуырстой бæрзонд хæхты гæмæх цъуппытæ. Уæртæ, гъе, сæ хъæу. Йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта, фырцинæй сдудыдта. Баввахс æм. Нырма дзы йæ цæст никæуыл хæцы. Алæгатæ Дæлæсыхы цæрынц, фæцæуы уырдæм. Балкъонæй иу сылгоймаг ракаст. Бæлццоныл бæстон йæ цæст ахаста, стæй, цыма, истæмæй фæтарст, уыйау хæдзары смидæг.^Чысыл дæлдæр ауад Алæг. Æндæр хæдзары дæлбазырæй та йæм чидæр кæсы æдзынæг, фæлæ уый дæр уайтагъд æмбæхсынмæ фæци. „Цы хабар у, цæмæй мæ тæрсынц?.. Æви мæ æф- сæддон дарæсы нæ базонынц? Æмæ уæд уазæгæй цæмæн æмбæхсынц, ахæмæй куынæ зыдтон нæ хъæубæсты?!а — афтæ сагъæстæгæнгæ баввахс сæ хæдзармæ. 151
Дæлæ сæ кулдуары раз тымбылтæй хуыссы се стыр урс куыдз Милаг Сержанты цырыхъхъыты хъæр фе- хъуыста. Фестад æмæ бæзджын рæйгæ йæ размæ ра- лæбурдта. Фæлæ йæм æххæст нæма бахæццæ, афтæ йæ мидбынат, сагъдау, аззад. Ныхъхъысхъыс кодта, йæ^ къуыбыр хъустæ фæгæмæл сты, йæ пух къуди цъыллынг- цъыллынг систа æмæ Алæджы уæхсчытыл йæ раз- заг къæхтæ авæрдта. Йе нæдаст роцъо йын йæ сырх æвзагæй астæрдта. . Лæппу йыы йæ сæр лæгъзытæ кæны, йæ цæстытæ донæй айдзаг сты, афтæмæй дарддæр рацæуы. Мила йæ уæгъд нæ уадзы: куы йæ иувæрсты фæвæййы, куы— иннæ. Йæ разы алæууы, æдзынæг æм скæсы æмæ ба- худæгау кæны. Алæг æрлæууыд. Сæ кулдуарыл — стыр тъæпæн гуыдыр. Æмбонды сæрты бакаст: уæртæ сæ хæдзарыл дæр гуыдыр. Сагъæсты ацыд... Кæм уа йæ мад? Науæд сæ кулдуарыл гуыдыр æвæрын дæр куынæ уагъта, уæд ыл ныр цæмæн бахъуыд?.. Фæстæмæ фæкаст. Йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта... Уæртæ Садуллæ бæгъæмсарæй. Йæ фæдылцалдæр лæджы æмæ усы сæ сæртæ хойгæ рацæуынц. Алæг йæ мидбынат’ æрцæйхаудта, фæлæ æмбонды тигъ ацахста. Кæсы адæммæ тарст цæстытæй. Устытæй иу хъарæг кæны: — Гъæ, цæмæй тарстæ, уый дæ куыд баййæфта> Мамион! Мæнæ дæ иунæг йæ дуар сындзæрхæй куы æрыййæфта. Кæм дæ, кæ, дæ ингæны къæйтæ куыннæ стоныс?!. Дидинæг I Хуыцаубон. Чысыл хæххон хъæумæ хур раджьг æр- хæццæ. Хæдзæрттæй ирд арвы хъæбысмæ, къæдз-мæ- дзытæгæнгæ, ивылы гæзæмæ сырхахуырст рог фæздæг. 152 \
Æфсинтæй алчи йæ зылдтытæ кæны. Чи гуымбыл ахсы, чи уæларынг балæууыд æмæ йæ дыууæ къухы æхсæ- нæй, цæф карчы базырты хъæрау, хъуысы сасиры тъы- бар-тъыбур, чи та нырма коммæгæс тасаг бæрз уисойæ йæ кæрт мæрзы. Хъæугæрон стыр фæзы ахъылдымтæ кодтой фермæ- йы хæрзхаст родтæ: саутæ æмæ хъулæттæ, бур æмæ урс зыгъартæ. Сæ къудитæ сæ синтыл цæггонд авæ~ рынц, сæ даргъ цæстыхауджын сыгъдæг цæстытæ ферт- тивынц, чи сæ æфсады згъорынæй, хæрдмæ хауынæй, Садуллæ сæм æдзынæг кæсыуынджы кæронæй. Йæ урсзачъейыл æхсызгонæййæ арм æрхаста, йæцухъхъа йæ уæхсчытыл æрбадзæбæхкодта æмæцинзæрдæйæсæхимæ рараст. Дæлвæндаг цæхæрадоны кæрон цы иунæг хæ- рис бæлас ис, уый къалиутæ дæр байдзаг сты бабызы лæппынтыйас бур, пух къуыпатæй. Зæронд лæг сæм гæзæмæ мидбылхудгæ кæсы æмæ йæхимидæг дзуры: „ Уалдзæг. Уд та бацыд алцæм дæр. Уæвгæ; алцы дæр чысылæй куыд дзæбæх у... Дæлæ уыцы фæлмæн- къуыпатæ, тыррыкзæрдæ родтæ, мæ чысыл сауцæст гоко, кæнæ та Хъызларæй нæ дзуг куы ’рцæуой, уæд сæ уæрыччыты мин хъæлæсæй уаст"...— ахæм æхсыз- гон хъуыдытæгæнгæ бахызт сæ хæдзары къæсæрæй. Сæ чындз гуымбылахсыныл бадт æмæ йæ хицауы куы ауыдта, ,уæд уайтагъд фестад. Уый размæйы туджы хахуыры фæстæ дзы йæхи дардмæ ласы, нæ йæм дзу- ры, фæлæ йæ æгъдау кæм æрцахсы, уым ын гæнæн нал вæййы. — Дæ хорзæхæй, кæдмæ фест-фест кæндзынæ?! Æрбад æмæ дæ куыст кæн,— сдзырдта лæг æмæ рæ- бинаг тæрхæгмæ фæкомкоммæ. Уым уæлгоммæ , хуыссы йæ фырт. Йæ хъæццулы кæрон зæхмæ æрхæццæ æмæ лæппу æрдæгæй уæлæмæ ныггом. Æвæццæгæн суазал æмæ стымбыл, йæ сæр æмæ йæ къæхтæ баиу сты. - Садуллæ йæм бацыд æмæ йæ æрæмбæрзта: — Гъæ, хæрæг! Бонизæрмæ< разгъор-базгъорæй цы 153
ныккæны!.. Дæлæ та йæ чысыл тымбыл роцъо дæркæм- дæр ныххафта.—Æдзынæг æм кæсы. Æвиппайды йæ пыхцыл æрфгуытæ фелхынцъ сты. Йæ цæстыты сау мигъ абадт... Раст ахæм уыд йæ зынгхуыст хæстон фырт Сафар дæр йæ сабийы бонты. Дæлæ йæ тымбыл цæсгом, йæ цыбыр фындз, йæ чысыл дзых, йæ бæз- джын сау æрфгуытæ... . Фæстæмæ разылд, къæхтыбынæй ныуулæфыд æмæ йæ къæлæтджыныл йæхи уæззау æруагъта. Йæ цæсты- тæ æрцъындгонд кодта... „Ныр хæст тагъд фæуыдзæн. Алчи уæлахизы кадимæ йæ бинонтæм, йæ хъæумæ æрыздæхдзæн. Æз та æнæныгæнæг"...-— сагъæс кæны зæронд фыд, йæ мидбынаты базмæлыд:—еххæй, гъе!.. Тауче фæстаг уæлибых райста пецæй æмæ йæ тæ- бæгъы иннæты сæр æрæвæрдта. Хъæдын уидыгæй сыл царв æркодта, стæй йæ йæ фыды раз стъолмæ ба- хаста. Лæг сыл йæ цæст ахаста. Чысыл ахъуыды кодта æмæ йæ чызгмæ лæгъзтæгæнæджы хъæлæсы уагæй бадзырдта: — Дæ рынтæ ахæрон, цу-ма, Алæгмæ фæдзур æмæ немæ аходæн бахæра. Знон изæрмæ, мæгуыр, уыцы зын- кæнæн зæрæстоны гутондарæй цы ныффæрæзта; Хæрз- хаст галтæ бæхты згъорд кодтой, фæлæ сын уæлдай .ницы ауагъта. Ех, саглæг бæргæ у, фæлæ, гъа... Хæст- рауадзæджы йæ тæригъæд уæд,—сдзырдта зæронд æмæ та Таучемæ фæкаст: — Ам ма куы дæ, чызг! — Ие ’рбацæудзæн! Дысон дæр мын тыхамæлттæй ракуымдта. — О, æмæ йын уæд та уырдæм бадав иу уæлибых. Чызг ницыуал сдзырдта, цæхгæр фæзылд, фаллаг уаты кæсæны размæ фæуад, йæ дзыккутæ æрбæстæттæ кодта, йæ къухтæ ахсадта. Фæстæмæ хæдзары февзæрд, скъаппæй урс нывæфтыд тæбæгъ райста, уæлибых дзы æрæвæрдта æмæ йæ чындзмæ фæрсæджы каст бакодта. 154
Уый хинæйдзаг мидбылты бахудт æмæ йæм ныллæг хъæлæсæй бадзырдта: — О, о, æркæн ма йыл царв... Тауче тагъд-тагъд фæуайы дæлæсыхмæ хъуыдытæ- гæнгæ... „Чизоны ма фынæй у, уæдта? Нæ, салдатæн ацафонмæ уанцонфынæй нæу... Афтæиунæг, æвæгæсæг кæдмæ уыдзæн?.. ^Уымæн йæ цæсгом нæ хъæцы, хис- тæртæй та æрхъуыды никæмæ ис"... Йæ раздарæны дзыпмæ февнæлдта. Систа дзы, иу бон æм цы гæххæтты гæбаз афыста, уый. Æркасти йæм (ныр цалæм хатт!) „Матæрс, госпиталы мын дохтыртæ фидарæй загътой, фæстæдæр, дам, дзургæ дæр скæн- дзынæ æмæ хъусгæ дæр\.. Рахæццæ Алæгатæм. Мила каерты дуармæ хуыссы. Къæхты хъæр куы айхъуыста, уæд фестад, йæ хъустæ фæхъил кодта, фæлæ Таучейы куы ауыдта, уæд йæ къуди батылдта, йæхи айвæзта, фæстæмæ тымбыл ра- зылд æмæ та йæ бынаты æрхуыссыд, йæ сæр йæ дыу- уæ раззаг къахыл æруагъта, афтæмæй. Чызг кулдуармæ бакаст. Сæ дуар уыдис æхгæд. „Ам нæй! — искæимæ дзурæгау загъта чызг.—Кæм уыдзæн?" Уалынмæ лæгбахизæн чысыл дуарыл къаранда- сæй фыстмæ фемдзаст. Æввахс æм бацыд æмæ бакаст: „Æз уæлмæрдмæ цæуынц. Чызг йæ Уæлибыхмæ нымдзаст æмæ асагъæс кодта, цы йæ фæкæна? Хæдзармæ йæ бахæсса, фæлæ цæмæй зоны, Алæг кæд æрыздæхдзæн. Чысыл ма алæууыд йæ мидбынат, стæй айтæ-уйтæ нал фæкодта— фæцæуæг уæлмæрдмæ. Бахызт цъæх-цъæхид сæрвæттæм. Дысоны æртæх хуры зæрин æндæхтыл арвмæ æххæст нæма сфардæг æмæ, налхъуыт цæппузырау, тæмæнтæ калы. Æнусон цъититы уазал комытæфмæ алыгъуызон хæрздæф ди- динджытæ, саламдæттæгау, сæ уæздан сæртæ тилынц. Йугдй мыдыбындзытæ сæ сæрты зилынц, бæзджын мыр- тæ таугæ. Сырддонцъиутæ æлутон, сыгъдæг уæлдæ- фы ленчытæ систой. 155
Таучейы, цыма, ацы алæмæты хæххон райсом бын- тондæр не ’ндавы, нæ уьшы æрдхæрæн æрдзы рæсугъд нывтæ, уыйау размæ тындзы: Йæ хъуыдытæ æгасæй дæр, уæлæ уыцы зæрватыччытау, тæхынц йæ разæй. Кæд ма цыди афтæ æгомыгæй ацы кæмттæ æмæ рæгъты хъæбысы! Цы уыд йæ цъæхснаг зараёджы цур булæмæргъы дæргъвæтин къуыззитт; цы ахадыдта мæ- нæ ахæм рæсугъд бон хуры тынты сæмбæлд йæ мид- былты фæхудты раз; цы уыдысты сау æхсæвы арвы стъалытæ йæ дыууæ сау цæсты цур! Ныр та. Йæ цæхæр зæрдæйы æвзонджы бæллицтæ нæ хус кæнынц, нæ дидин æфтауынц... Æгас дуне ма йын лæууы йæ сусæг уарзт, йе ’хсæвы ^адджын фын . æмæ йæ боны цæсты рухс Алæгыл. Фæлæ уый дæр гъа! Цы йын фылдæр æрхаста карз хæстæй—цин æви кæуындзаст мигъы хуызæн мæт?.. Цы рацæудзæн.йæ бирæ рæсугъд фæндтæй, цы зæгъдзæн йæ зæронд фыд?.. Къуырма, æгомыг сиахс кæй хъæуы? ... Разынд æм уæлмæрд. Уæртæ, гъе, ибон Дадоимæ йæ мады ингæныл цы хъæдын’ æмбонд скодтой,, уый цъæх ахорæнæй сæрды. Чызг ын уыны йæ фæтæн чъыл- дым. Йæ тæккæ фæскъæбутмæ бахæццæ æмæ уым æрлæууыд. Уый йæ чысыл иъылынæг æрсæрф-æрсæрф кæны нарæг, урс фæйнæджы лæгъз буарыл. Тауче йын йæ уæхскыл æрхæцыд. Лæппу цæхгæр фæзылд. Исдугмæ аджих, стæй фæтæн мидбылхудт ахъазыд йæ цæсгомыл. Уæлибыхмæ йæ къух бадардта æмæ йæ сæр батылдта, ома йæ цæмæн хастайг Чызг йæ тæбæгъ æмбондæй чысыл æдтæдæр æры- вæрдта æмæ Алæгæн йæ цæстæй ацамыдта, зæгъгæ, хæргæ. Уый йæ сæр разыйы тылд бакодта, æрмæст ма æмбонды цы дыууæ урс фæйнæджы уыд, уыдон тагъд- тагъд сæрдын райдыдта. Тауче йын йæ цъылынæджы хъæдмæ бавнæлдта æмæ йæ риу бахоста, ома сæ æз райсæрддзынæн, фæлæ йаем æй нæ радта. Йæхæдæг сæ уай^агъд иннæты хуы- зæн акодта. 156
Ныр æрбадт тæбæгъы цур. Йæ худ сист^а æмæ йæ нæууыл æрæвæрдта. Чызг æргуыбыр кодта уæлибых сæттынмæ, фæлæ йын Алæг йæ къухмæ февнæлдта, фæурæдта йæ. Мады ингæнмæ ацамыдта, стæй тæбæгъ систа, æмбонды астæу чысыл дуар арæхстгай бакодта æмæ мидæмæ бахызт. Тæбæгъ бурбын обаугондыл æрæ- вæрдта æмæ Таучемæ дæр фæсидт. Уæлибыхмæ æркаст, стæй йæ дзыхмæ йæ къух схаста, дыууæрдæм æй ан: къуыста æмæ йæ цæстытæ донæй айдзаг. кодта. Чызг бамбæрста мæрдджыны хъуыды. Тæбæгъ йæ къухмæ систа. Йæ хъуыр ын цыдæр æрбацæйæхгæдта, фæлæ уæддæр кæуынхъæлæсæй сдзырдта: — Рухсаг у, Мамион. Мæнæ ацы уæлибых дæ фыр- ты... æмæ дзурын нал сфæрæзта. Рахызт дуарæй. Тæ- бæгъ та нæууыл æрæвæрдта. Уæлибых асæстытæ ьод- та/æмæ йæхæдæг фæсуæлмæрд къуылдымæрдæм ацыд. Чысыл фæстæдæр æрбаздæхт. Йæ къухы æрбахаста, æд нæуу кæй скъахта, ахæм рæсугъд урс дидинæг. Алæг фестад, йæ даргъ æрфгуытæ фæйнæрдæм ай- тынг сты, йæ цæстытæ æхсызгон æрттывд фæкодтой. Чызгмæ æдзынæг бакаст. Р\æ цонг ыл æрбатыхта æмæ йын йæ ныхыл æфсæрмдзæстæй йæ былтæ авæрдта. Тауче йæхи расæрибар кодта, ингæны нывæрзæнмæ ба- хызт æмæ, йæ къухы цыкъæцæл уыд, уымæй сыджыт къахын райдыдта. Чысыл уæрм куы сцæттæ, уæд дзы дидинæг æрæвæрдта. Алæг дæр дзуццæг æрбадт æмæ дыууæ иумæ дидинæгыл сыджыт æрбанадтой. Хорзæх Милицæйы хистæр Хъазбег бады йæ кусæн стъолы фарсмæ æлхынцъæрфыгæй. Йæ разы цыдæр гæххæтмæ æдзынæг кæсы. Хаттæй-хатт дзы сырх кърандасæй цы- дæртæ бахахх кæны. Хъуыдыты ацæуы. Цадæггай сыс- тад. 157
Йæ галифейы рахиз дзыппæй иу бапъироз сласта æд спичкæ æмæ йæ ссыгъта. Цалдæ’р хатты йæ зæр- диагæй сцъырдта, стæй, къулыл цы картæ уыд, уы- мæ æввахс балæууыд, йæ тамакойы фæздæг йæ уæ- лармæй аиуырдæм кодта, лыстæг æм фæкаст иудзæв- гар. Фæстæмæ разылд, чысыл раздæр йæ къухы цы сырх кърандас уыдис, уый райста. Картæйыл ын фрон- ты арæн кæм нысан уыд, уымæй хурныгуылæнырдæм бирæ фалдæр бæзджын хахх рауагъта. Йе ’рфгуыты æлхынцъ райхæлд, йæ цæсгом ныррухс* афтæмæй гом фæрссагæй дуармæ фæлгæсы. Æхсынцъы бæлас дидинæг акалдта. Йæ сæрмæ стæм мыдыбындзытæ зилынц. Сæ тæнæг базыртæ куы ферттивынц, куы та фæнымæг вæййынц. Хъазбег йæ фæтæн къæбутыл йæ армытъæпæн æрхаста æмæ йе стъолы цурмæ æрбаз- , дæхт. Йæ тамакойы сыгъдон æртхутæгдоны æрнæмæ- гау кодта æмæ, æрдæбон цы гæххæтт каст, уый йæ къухмæ систа. Ногæй йæ цæсгом сагъæсгъуыз афæл-~ дæхт, йæ былтæ æрбалхъывта, йæ къæбут мæстыйæ . æрсæрфта æмæ арф ныуулæфыд. Цадæггай дуар æрбайгом, йæ хъустыл ауад: — Бар ис, æмбал хистæр? — Мидæмæ! — зæгъгæ, фæкодта Хъазбег æмæ милй- ’ цийы лейтенантæн йæ цæстæй бандонмæ ацамыдта, стæй йæ афарста: — Гъы, цы бадæ, цы базыдтай? — Уыцы Сурæ цæры Донбылгæрон уынджы, фарон нæм ахст цы базаргæнæг ус уыдис, уыимæ. Фæлæ сыхæг- тæ куыд зæгъынц, афтаэмæй арæх уым нæ вæййынц. Дыууæ дæр иу рæстæджы нæ вæййынц, æви? — Куы сæ иу, куы сеннæ! . — Сурæ ма сæхимæ, хъæумæ дæр бауайы? — Æмæ гъа! Æрмæст, дам, æрæджы картофтæ уæй крдта. Мæнмæ гæсгæ сæ дыууæйыл дæр æрхæцын хъæуы,—загъта лейтенант æмæ йæ [хистæрмæ дзуапп. æнхъæл йæ цæстытæ ныццавта. 158
— Æрхæцыныл тагъд нæ хъæуы! Ноджыдæр сæм дæ хъус бæстон бадар. Чи зоны ма сын æмбæлттæ дæр ис. Фарон нæм ахст чи уыд, уый хуыцауы къахæргæв- дæг сылгоймаг у, зæххы бынты цæуы. Иудзæвгар сæ дыууæдæр ныхъхъус сты, стæй лей- тенант сыстад, йæ бандоныл рæбындæр бахæцыд: — Æз ацæуон, æмбал майор? Уый йæ сæр разыйы тылд бакодта. Æваст—телефоны дзæнгæрæг. Хъазбег хæтæл систа. — Хъусын! О, ды дæ, æмбал къамисар? Бузныг! Куыд> куыд хæсджын фæдæн, зæгъыс? Хорзæх? Кæмæн, кæ- мæн?—йæ цæстытæ ферттывтой æмæ йæ къæбутæхсыз- гонæй адаудта. — Мæ хæрæфырт Алæгæн? Абон æрцæудзæн нæхæ- дæг? Хъазбег исдуг аджих, стæй йæм саст хъæлæсыуагæй бадзырдта: — Бузныг ахæм цины хабары тыххæй, фæлæ ам аен- дæр бæллæх ис. Уыцы лæппу нæ дæр æгомыг у, нæ- дæр къуырма. Æфсон, дам, кæны. — Уый æдзæсгом хахуыр у! Уый, уый...—гхæтæлæй азæлыд æфсæддон къамисары бæзджын, мæсты хъæ- лæс. — Кæмæй фехъуыстай уыцы æбуалгъ хабар? — Мæнæ мæм чидæр гæххæтт æрбарвыста, — дзуапп радта Хъазбег, фæлæ телефон бамыр. — Къамисар, æвæццæгæн, смæсты æмæ йæ æрæвæрдта, — искæимæ дзурæгау загъта, хæтæльт дзурæнмæ æркаст æмæ йæ æрæвæрдта. Чысыл фæстæдæр дуар фегом, къамисар цæгъдæджы мидæг æрбаци. Стъолы цурмæ нæма æрбахæццæ, афтæ йæ къух фæдаргъ кодта: — Алæма, уыцы чъизи гæххæтт мын фенын кæн, æз æй!..— скъæфæгау ракодта чырынтæ тетрады сыф æмæ йыл йæ цæст тагъд-тагъд рахаста. Йе ’мбисмæ куы ’рхæццæ, уæд цæхгæр фæлæууыд: 159
— Ай, хъæрнывтæ дæр æххæст чи нæ зоны, ахæм авторы куы у. Акæс-ма, алы дзырды дæр цалдæр, рæ- дыды. — Сæ хъæуы исчи’ мæсты у, миййаг, дæ хæрæфырт- мæ? —- Нæ! Фысы хуызæн сабыр лæппу у йæ чысылæй фæстæмæ. Уæвгæ, уым дæр цыдæр чызгыл дзырдта, — йæ къæбут та æрсæрфта Хъазбег æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Дæ разы ма гæххæттæн йæ кæронмæ æркæс, йæ кæронмæ. Мæнмæ дæр æртхъирæн кæны ацы; автор. Дæ рæстдзинад, дам, ныр фæбæрæг уыдзæн дæ дезер- тир хæрæфырты хъуыддаг æвзаргæйæ. Науæд ма, дам, дæуæй хистæр хицæуттæ ис. — Ницы кæны, абон æй ардæм хъæуы. Хъуамæ йын^ йае орден радтон. Кæмæндæрты ма дзы ис ноджы. Гъе, æмæ йын / йæхи бафæрсдзыстæм, зæгъгæ, куыд загъта, афтæ дуар æрбахостæуыд. — Мйдæмæ! — ныллæг, фæлæ тызмæг хъæлæсæй адзырдта Хъазбег. Æрбахызтысты Алæг æмæ Дадо. Сержантыл нырма йе ’фсæддон дарæс. Йæ хуызивд хæдоны риуæй тæмæн- тæ калынц дыууæ майданы. Къамисары ауынгæйæ, йæ къух йе ’рфыджы сæрмæ авæрдта æмæ уаты астæу æмраст алæууыд. Сбадын сæ кодтой. Хъазбег сæ цæмæйдæрты афарс- та: сæ колхозы куыстытæй, Садуллæйы æнæниздзинад, стæй Дадомæ комкоммæ бакаст. — Алæг дæр уын истытæ аххуыс кæны? — Куыннæ! Садуллæ фæстаг рæстæджы рынчынтæ райдыдта æмæ уæд колхозы хъуыддæгтæ Алæг фæ- рæвдз кæны йæхæдæг, ахæм хуызæк у, афтæмæй. Хъазбег йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта: — Дезертир у! Ма йыл æууæндут, æфсон кæны, — с ф^егæпп ласта æмæ стъол тымбылкъухæй ныххафта. Сæ бынатæй фестадысты лæппутæ. Алæг хъуьтд- 160
дагæн ницы æмбары, æмæ куы иумæ бакæсы, куы иннæ- ?лæ знæт цæстытæй. Хъазбег ын гæххæтт йæ къухы фæсагъта æмæ йын æм йæ цæстæй мæсты амынд акодта; кæс, зæгъгæ. Лæппу йæ даргъ æрфгуыт&й иу уæлиау авæрдта æмæ йæ цæстытæ гæххæтты ныссагъта. Куыд дарддæр кæсы, афтæ йё ’рфгуытæ æрбацъæлтæ сты.- Уадулты туг абадт, стæй гæххæтты йæ ’армыдзыхъхъы атым- былтæ кодта æмæ йæ зæ^хыл ныххуырста. Хъазбег æй фелвæста æмæ сержантмæ тымбылкъу-. хæй бавдыста, гæххæтт лæгъзытæ кæнгæйæ. Алæг æнгом балæууыд майормæ. Йæ риуыл йæ къух авæрдта, стæй йæ амонæн æнгуылдз æмраст сдардта <æмæ йæ сæры батылдæй афарста, ома [æз мæнæ афтæ раст дæн æви мæнæ афтæ? Хъазбег йæ сæр мæсты тылд бакодта, йæ къух æр- къæдз кодта, зылын дæ, зæгъгæ. Сёржант цæф арсы богъ фæкодта, пресмæ февнæлд- та, фæлæ йæ къамисар ацахста æмæ Хъазбегмæ йæ цæстыты цæхæр бакалдта. — Дæ сæр дын дзы куы аскъуыдтаид, уæд...— сдзырд- та къамисар. — Лæппу ,йе ’взонг царды æмбис хæсты быдыры ныууагъта æмæ йыл сымах та ам худинаджы гакк кæ- нут. Сержант, тыхулæфтгæнгæ, йæ дзыпмæ февнæлдта, фелвæста дзы гæххæттыты тыхтон æмæ сæ къамисары разы ныццавта. . Хъазбег исдуг æнцад лæууыд, стæй йæ бæрзæйыл йæ армытъæпæн æрсæрфта æмæ гæххæтт Дадомæ балæвæрдта: — Фен-ма йæ, уæ колхозы адæмæй никæй къухфыо ты æнгæс у? Дадо йæм куыддæр æркаст, афтæ йын, цыма уæл- дæф нал фаг кодта, уыйау цалдæр зыд улæфты скодта, йæ дзæбæх къахырдæм фæчиудта, йæ былы кæронæй та фæцъуртт кодта æмæ афтæ: 11* 151
’.-— Комкоммæ дæр Сурæйы къухфыст. — Æмæ чи у уыцы Сурæ? — æвиппайд афарста къа- мисар., ’ • — Ныртæккæ!--фæкодтз Хъазбег æмæ телефоны хæ~. тæлмæ февнæлдта: *--Æмбал лейтенант! Ацы-тæккæ сахат иу милици- онеримæ машинæйы абад æмæ уыцы æлгъысты Сурæ, кæд мæрдты ис, уæддæр æй ам сæмбæлын кæн. — Да- домæ та бакаст: •— Сурæ ныртæккæ уæхимæ вæййы æви? • — Нæ, нæ хъæуы рагæй нал \ис. Æрмæст ма йæ; ибон иу талынггæрæтты сæ хæдзарæй рахизгæ федтон. Хъазбег æм æнæмбарæджы каст бакодта: : —- Уый та цы дзырд у: „сæ хæдзарæй?" Дæ хо нæу^ æви? :—О, мæ хо уыди, фæлæ æз ныр хицæнæй цæрын. Хъазбег йæ уæхсчытæ уæлæмæ фесхуыста. Йæ хæрæ- фыртмæ фæкомкоммæ. Уымæн йæ цæсгом скульптурæйы хуызæн бынтон æнæзмæлгæ лæууыд. Йæ цæсты хауыл иунæг стыр цæссыг æрзæбул. Майорæн йæ зæрдæйы тугтæ ныттагъди æмæ уайтагъд иннæрдæм фæзылд. Æрдæбон Алæг стъолыл цы документтæ ныццавта, уы- дон къамисары разæй райста æмæ сæм лыстæггæй кæ- сын райдыдтз. Уæдмæ милицийы лейтенант къæсæрыл æрбалæууыд: — Бар ис, бакæнæм æй? Хъазбег йæ сæр батылдта. , Æрбахызт Сурæ, йæ лыстæг бур æрфгуытæ фæйнæ- рдæм фæцыдысты. Чысыл цъæх цæстытæ, зынджытау, судзынц. РæсуГъд ыл фидауы йе ’рвгъуыз зæлдаг къа- ба. Йæ сæрыл — донгъуыз берет зулмæ конд. Йæ тæнæг былтæ — æнгом æлхъывд, фæлурс сырхахуырст. /’Иууылдæр.ныссабыр сты, сæ цæстæнгас скодтой Сурæмæ, ’ .'.Хъазбег гæххæтт райтыгъта æмæ йæ сылгоймаджы цæстытæм æввахс бахаста: 162
— Æнæ ракæ-бакæйæ æргом зæгъ-.ацы писмо дай’ фыст у? ’ ’ • Уый æвиппайды фестъæлфыд, фæстæмæ ракъахдзæф кодта. Йе ’фсымæримæ сæ цæстæнгæстæ кæрæдзийыд сæмбæлдысты: — Ды сын æй ралæхурдтай, къуылых чеппа?! — О, æз! —æлхъывд дæндæгты æхсæнты ралæмæрста лæппу, æмæ та йæ былты фæцъуртт райхъуыст. Сурæ йæ цыргъ сæр фæгуыбыр "кодта, йлы хатт дæр мæстыйæ куыд фæкæны, афтæ йæ дыууæ даргъ габазы йæ фæрсты Дадойы рдæм, калйы æвзæгтау, адардта: * . ■. . — Ацы æгомыг гал дын дæ усаджы-' исы. Йæ’ чын- дзы мой каис Садуллæ нын нæ зæххы хай нæ дзыхæй фелвæста, ды -та семæ сæмдзæхтон дæ æмæ дын цы> нæ хъæуы, уый фæкæнæнт, æвзæр къуылых куыдз. Æз та уæддæр, куыд цардтæн, афтæ цæрдзынæн! — йæ дæндæгтæ скъæскъæс кодта æмæ дуарырдæм- фæцæ- уæг. • ■ — Фæлæу, фæлæу! Куыд цардтæ,- афтæ нал! Акæ- нут æй!—карды чъеппау, фæлыг Хъазбеджы ныхас æмæ лейтенантмæ ракаст, йæ къæбут æрсæрфгæйæ. Æхсæрдзæн нæры Уалдзыгон бон изæрырдæм фæкъул! Хæххон йрдгæ йæ’ цъæх базыртæ ивазын райдыдта. Алæг æмæ Дадо феввахс кæнынц сæхимæ. Хуры тынтæ зулаив’ ныдзæ1 вынц сæ цæсгæмттыл. Сержанты фæтæн риуыл, дыууæ* майданы сæрмæ, тæмæнтæ калы, абон ын æфсæддон къа-; мисар йæхæдæг кæй басагъта, уйцы Сырх’ Стъалыйы орден. ’- у ;: ■•■' ■ I Йæ къух ын зæрдиагæй. нылхъывта; комкоймæ : йын йæ цæстытæм, бакаст æмæ йын цыдæртæ загы^; Уæв- гæ.йын арфæ кæй кодта, уый æмбаргæ бакодт’й. Чи зо- ны,/ацы стыр хорзæх кæй тыххæй райста,: уыцы;кар3' 163
тохы кой йьгн æрыфтыдта,,. — хъуыды кодт^а Алæг æмæ йæ цæстыты раз сыстад йæ фæстаг æгъуыстаджы раз- мæбырст. ...Зымæгон æхсæв. Уырысы æгафон быдыр, фæсах- сæвæртæй бирæ рауад. Уазал дзæнгæлтæ кæны. Арв —- дзæнхъирд, æнæнымæц стъалытæ... Бæстæ бынтондæр — æгуынпæг, Иунæг топпы хъæр никуыцæй хъуУсы. Æр- мæст знаджы прожектортæ æхсæвы сау гуыбын алы- рдæм чъеппытæ кæнынц. , Æваст цыма хæхтæ-къæдзæхтæ ракалдысты, уыйау зæхх нынкъуыст. Уый нæ сармадзантæ æмхуызонæй скуыстой æмæ сæ нæрынæй нæ банцадысты суанг боны æрбацъæхмæ. Алæг бады акъоппы, йæ хотых йæ къу- хы, афтæмæй. Йæхицæй чысыл дæлдæр, разаив йæ пу- леметчиктæ — сæ „Максими-мæ æввахс. Се ’ппает дæр— цырддзаст. Æнхъæлмæ кæсынц стыр тохы уадтымыгъмæ. Уалынмæ фронты хаххы уæллаг кæронæй, тæмæнтæ калгæ, стахти сырх ракетæ. — Размæ! — айхъуыст сæр- тæгхъæлæс. Сержант йæ экъоппæй ссæррæтт кодта. Мæнæ йæ салдæттæ дæр сæ пулемет фескъæфынц. Æнæхъæн полк размæ ссæнды æнæ иу æхстæй. Зна- джы прожектортæ та тохы быдыры, бонау, ныррухс кодтой. Ихуарæгау нызгъæлдысты, æрттиваг хъæндил- тау, чи .тахт, уыцы удхæссæг нæмгуытæ. Размæбырс- джытæ арф миты æркалдысты æмæ зыиджы зæй скъæ- рынц уыдон дæр. Алæджы пулемет лæнкауæй æхсы, хъатара хъата- райьг фæдыл судзы. Чысыл фæстæдæр ныннæрыд уы- рыссаг хъомысджын „У{)аа. Ныггуылф та кодта æхсар- джын размæбырст. Алæджы пулеметæхсджытæй иу æр- хаудта. Йæхæдæг фелвæста иМаксим"-ы лулæ æмæ рыгмит фадгæ фæбырсы. Ногæй та сæ хæцæнуæтты æркалдысты махонтæ. Алæг иыр сæ ротæйы галиу фарс йæхæдæг хуыссы пу- лем^ты фæстæ. Йæ алвæрсты нæмгуытæ цъыввыттытæ кæнынц. Фæци йæ хъатара. Фæстæмæ фæкаст: мæнæ 164
чысыл дæлдæр йæ хæстонтæ дыууæйæ дæлгоммæ хау* дæй лæууынц. Æртыккаг салдат сæ иувæрсты гилдзы- тæ æрбахæссы, йæ гуыбыны цъарыл быргæйæ. Уæдмæ знаджы æфсæдтæ сæхæдæг растадысты æмæ рабырсынц. Алæгмæ дзæбæх зынынц æнгом рæнхъытæ. Уæртæ, гъе, ныртæккæ сæ ардæм хъæуы. Сæ разæй уадзынц арты пиллон. Махуæтты хъазуат бырст ферхæ^ цыд, хæстонтæ сæ мидбынат зæххыл аныхæстысты. Алæг сыл æвиппайды суагъта пулеметы нæмгуытæ, Фыдгулы æфсæдтæ æрызгъæлдысты, иннæтæ та фæс- тæмæ фесчъил сты.- Махуæттæ уæд ногæй выггуылф кодтой.Сержант йæ пулеметы лулæ, ленкгæнæгау, дыу-~ уæрдæм разил-базил кæны, хъатара хъатарайы фæдыл скъæры. ,— Бæдæйнаг, бæдæйнаг, сержант! — йæ хъустыл ’ауад ротæйы командиры зæлланг хъæлæс. Акъоппытæм бахæццæ сты нæ салдæттæ. Алæджы цæстыты фырцинæй дон -абадт. Фестад. Хъуамæ та аи- ва йæ хæцæнуат. Уæлдæфы цыдæр, æвнрхъау, нынниуд- та, æндæр ницыуал базыдта сержант... Цасдæр рæстæджы фæстæ Алæг йæхи æрæмбæрста госпиталы. Æнцъылдтæцæсгом, урссæр дохтыр æм йæ мидбылты худы, стæй йын блокноты сыфы фыссы: „Ма тæрс, хъæбатыр! Дзургæ дæр кæндзынæ æмæ хъусгæ дæр, æрмæст рæхджы нæ, фæлæ фæстæдæр, цадæг- гай". Гъе, æмæ ныр мæнæ ацы фæндаг, ахæм цардæгас мысинæгты ленкгæнгæйæ, хæрдвæндагæй хъугомы был- мæ куыд схызтысты, уый зонгæ дæр нæ бакодтой. Ра-- зынди сæм уæртæ арф комы сæрмæ айнæг къæдзæхыл урс æхсæрдзæн, зæронд лæджы боцъойау. Диссаг.л Алæг цæхгæр фæлæууы æмæ йæм æдзынæг кæсы. Кæд ма исты хаты, уæд цыма йæ хъустæ ныггуыз-гуыз кæ- нынц... Æхсæрдзæны гуыргуырæй ахсы цыдæр зæлтæ? Ау, уый æцæг у? Йæ цæстытæ сæрттывтой, йæ зæр- дæ фырцинæй рацæйтыдта. Ноджы йæм бæрæгдæрæй 165,
райхъуыст доны гуыргуыр.... Дадойæм йæ арм;батылд- тэ, цы кæныс, зæгъгæ?.. , Уый йæм æдзынæг æрбакаст. Йе ’рфгуытæ та æр- хæндæгæй æрбалхынцъ кодта. . Знæт каст кæны. Æх- сæрдзæн нæры. Хур кæсы. Лæппу æппæт тыхтæй лыс- тæг хъусы, фæлæ та йын дуне ногæй байгомыг, бамыр. АуГ Цалдæр минуты размæ цы зæлтæ ахста, уыдон дæр, чи зоны, мæнг уыдысты, кæсгæ йæм афтæ фæкодта? Кæддæр ын уыцы урссæр дохтыр дæр, æвæццæгæн, æрмæст сур ныфсытæ æвæрдта?.. ; Цæуынц дарддæр. Алæг нырхæндæг, фæззыгон хъуын- тъыз, къæвдабонау, ныттар. Зæххæй йæ цæстæнгас нал исы. Сау сагъæстæ йын," холыхор сынтытау, йæ зæрдае æхсынынц... „Уæдæ уый æхсæрдзæны нæрын нæ уыд? Нæ, нæ! Уый æрмæст мæ зæрдæйы фæндон уыд. Хъус- гæ ницы фæкодтон, æндæра ныр дæр уæртæ куы ис уыцы æхсыргъуыз, æхсæрдзæн, уæд æй цæуылнæуал хъусын?- Æнусмæ къуырма, къодах... Цæмæн мæ хъæ- уы ахæмцард?.. Æлгъыст фæуæд уыцы тохы уысм, уы- цы минæ уыд æви сармадзаны < нæмыг. Æвæццæгæн мын бынтон, аскъуыдта мæ хъусты хæлынтæ, ьтыдта мын мæ хурхьг уадындзтæ"; — сæргуыбыр æмæ зæрдæсастæй, йæ хъысмæтыл æрдиаггæнгæ, цыд Алæг... Уадындзы зæлтæ - Алæгæн æхсызгон у бæгъæмвадæй ногконд хуымы ауæдзы цæуын, æфсæн гутоны къухтыл хæцын. Хæрз- хаст галтæ къулаив, фаджысджын хуымы зыгъгъуытт кæнынц. Зæхх фæзгъæргай нæ фæлдахы, фæлæ картоф- доны сыджыт, къæлуайау, згъæлы цыргъ дзыргъайы ра- зæй. Битаронæн дзы фæсуадзкæнинаг ницыуал зайы, кæд ма искуы дуры хъуыррæбынтæ ракъахы йæ цыргъ къæпийæ. Гутондар хуымы кæрон гутон ауæдзæй куы раппары, 1166
уæд йæ ирд, кæсæны хуызæн æфсæн хуры тынтæм тæ- :мæнтæ акалы. Алæг æрмæст ам февзиды уисæй дæл- .лаг галмæ, цæмæй рæвдздæр æрбазила. Бон йæ кары цæуы. Бæстæ дзæбæх æрхъарм. Ног- -фæлдæхт сыджытæй сты æгъуыз фæлмы æхцон тæф земæ Алæджы смудæнтыл, духийы хæрздæфау, ныдзæвы. Йæ цæст ахæссы, цас бахуым кодта, æмæ ма йын цас *1с кæнинаг, ууыл. Колхозы иннæ гутондартæ æндæр рæтты хуым кæнынц æмæ Алæг йæ мид-зæрдæйы семæ ^рыс кæны. Битарон хуымы кæрон йæ размæ бахызт, цъоза стигъ- гæ^ Иæ цæстæй йын хурмæ ацамыдта, зæгъгæ, аходæн- яфону, хъæу мæнæ хæрз æввахс у, æмæ цом уырдæм ^бауайæм. Алæг не сразы. Бамбарын ын кодта, ома мæ лицы хъæуы. Ус йæ уæхсчытыл уæлæмæ фæхæцыд. Ауæдзæй стыр хуыскъæл систа, йæ раздарæны дзыппы йæ нывæрдта æмæ фæцæйцыд. Алæг’æй йæ къухы фæтылдæй фæу- рæдта, йæ халаты дзыппæй йæ армыдзаг хуыскъæлтæ х:иста æмæ йæм сæ радта: йæ дæрзæг армытъæпæн æр- ныллæг кодта, ома сæ дæ чысыл лæппуйæн ахæсс. Би- тарон æм фæлмæн мидбылты фæхудт, йæ сæры батыл- .дæй йын салам радта æмæ хъæуырдæм араст. Алæг ма иу дыууæ адæггомы бæрц ахуым кодта, <стæй галтæ баурæдта. Абон райсом синаджы бастæй цы чысыл цъæх хосы æргъом æрхаста, уый сын сæ разы -бæстон æвæры. Галтæй сæ иу хосмæ нæма фацагайдта, афтæмæй йæ ардуа^ы хуызæн æвзагæй гутондары къух астæрдта, стæй йæм йæ хъоппæг цæстытæ сзылдта. Лæппу йæм хæларæй кæсы, йæ зыгъар ных ын йæ дæрзæг уырзтæй сæрфы... Фыццаг йæхи дзыхмæ аца- мыдта, стæй та галы æмæ йæ сæр дыууæрдæм бан- ■къуыста, ома ды дæр æгомыг æмæ æз дæр. Гал ныр æрæвнæлдта йæ аходæнмæ. Стыр хосы бын- дзыг сæссывта йæ дзыхмæ даргъ æвзагæй. Æууилы йæ æмæ уæддæр Алæгмæ кæсы. Уый йын йæ хъусыл йæ 167
арм авæрдта, йæ хистæр æнгуылдз фесхъæл кодта, ома> ды хъусгæ мæнæ афтæ кæныс, фæлæ æз нæ, æмæ йæ* хъусы цурты йæ къух ауагъта, стæй галты холлаг - сцæгъдæгау кодта æмæ. сæм æдзынæгæй кæсы... Тауче йын чысыл раздæр аходæн æрхаста. Йæ къух- тилгæ йæ куы æрыййæфта, уæд хуымы кæрон алæу- . уыд. „Пуй мын зæгъ, кæд галтимæ нæ ныхас кæны", — загъта йæхимидæг æмæ йæм сабыргай æрбацыд. Йæ^хы- зын æмæ йæ донгарз уæлауæдз æрæвæрдта, йæхæдæг ын йæ дыууæ къухæй йæ цæстытæ амбæрзта. Лæппу цæхгæр фæзылд. Йе ’рфыг та уæлиау авæрд- та æмæ йæм фæхудт, фæлæ чысыл раздæр, галимæ ны~ хаскæнгæйæ, йæ зæрдæйы цы уæззаусагъæс сæвзæрд, уый йæ цæстæнгасыл бæрæгæй зынди. Сæ дыууæйы дæр,цыма, садзгæ ныччынди, уыйаухæ мидбынаты æнцад. лæууынц... / Са’дуллæ, æвæццæгæн, хуымгæнджытыл разылд æмæ- ныр ардæм дæр æрхæццæ., Чызг æмæ лæппуйы афтæ^ ныхæй-ныхмæ æнгом лæугæ куы федта, уæд фефсæр- мы. Хуымгæндыл йæ цæст ахаста, йæ зачъе тонæгау æр- кодта, æмæ фæстæмæ аздæхти. „... Адонæн сæ кæрæдзийæ фæиртæст нал ис... Цы ’бачындæуа? Мæ иунæг чызг цæрæнбонты къуырма, æго- мыджы къухты?.. Нырма йæ æвзонг зæрдæйы уарзт йæ рæубазыртыл скъæфы, фæлæ мæ искуы азымы бадар- - дзæн: „Уаих фæуай, мæ фыд! Гъа, æз ма уæд царды сæрты рог пæрпæр кодтон, фæлæ ды та кæм уыдтæ* ахæмы фыццаг мæ цæмæн скодтай?—- йæ фæтæн ны- хыл хæцгæйæ сагъæстæ кæны Садуллæ. Фæстæдæр, дам> сдзурдзæн, сыхъусдзæн. Нæ, уыдон митæй мæсгуытæ стыц, —йæ къух ауыгъта æмæ хъæрæй сдзырдта: • — Нæ, мæ чызг, афтæ сывæллон дæр нал у. Куыд æй фæнды, афтæ... Фæлæ æгæр арæх кæй æмбæлынц,. уым хорзæй ницы ис. Зынг æмæ топпыхос иу ран æвæр- гæ не сты... Мæ зæронд сæрмæ ма исты худинаг куы. 4рхауа, уæд æй мæ зæрдæ нал бауромдзæн. Нæ, ам- 168
цæхгæр алыг кæнын хъæуы, — йæ зачъе та æртонæгау кодта æмæ цырддæр ацыди. < " - Алæг цæндрæбын ’аходæн хæры. Хъæбæр кæрдзын æмæ ногахст цыхт сау тымбыл къусы ссæстæй/Йæ фарс- мæ бады Тауче æмæ цыдæр хиталæг йæ дæндæгтæй æууильь Лæппу иу комдзаг акæны, стæй та иу боны- бонцау ныджджих вæййы. Тауче цæндæй иу лæгъз къæй райста æмæ йыл цыргъ дуры бырынкъæй æрфыста: - „Цы кæныс, Алæг, исты дæ риссы?" Уый йын йæ быны æрбафыста: „Æппындæр ницы, фæлæ мын мæ сыхæгтæ кæдмæ хæсдзысты ах<эдæнтæ æмæ æхсæвæртæ? Афтæ иунæджы. цардæй кæдмæ’ фæразон?" Чызг исдуг сагъæсты ацыд, стæй та æрфыста: „Уый дæхицæй кæнгæ у. Æви мæ фыдмæ нæ уæн- дыс?..а „Дæуæн дæ амонд хорз. Æгомыг дæн, фæлæ мын цæсгом дæр нал ис?.. Дæ фыды къодах сиахс цæмæн- хъæуы? Науæд мæ хъысмæт афтæ кæй у, уый фаг нæу7 ды ма та цæмæн"... — æрæвæрдта къæй æмæ йæ хæрын бынтондæр ныууагъта, сыстад. Тауче йе ’фцæджы атыхст, кæй йæ нæ хъусы, уый дæр дзы æрбайрох æмæ фæхъæр кодта кæуын >;ъæ- л^есæй: , — Ды мæ нæ уарзыс, нæ, æндæра... — дарддæр сдзу- рын нал бафæрæзта æмæ лæппуйы риуыл йæ сæр æрæп- пæрста, йæ уæхсчытæ сызмæлыдысты. Уалынмæ сæ цуры февзæрд чысыл Герсан хъæргæн- гæ: пАй, ай! Мæна? мын цас хуыскъæлтæ ис?" Йæ фæ- дыл æрбазынд йæ мад Битарон дæр. Тауче, йæ чындзы ауынгæйæ, фефсæрмы. Йæхи аиу- варс кодта, йæ цæссыгтæ аивæй асæрфта, галты размæ бацыд æмæ сын сæ холлаг дзæбæхтæ кæныныл схæ- цыд. Чысыл лæппу ауæдзыл дзыбылдары суыдта. Фæцге-. ’ 169
уы йæм. Йæ цæстытæ фырцинæй цæхæртæ калынц. Конд хуымы фæкæл-фæкæл кæны, фæлæ та фесты. Æр- баввахс æм. Маргъ йæ даргъ къæдзил разил-базил сис- та. Йæ рæсугъд сæр фæныллæг-фæбæрзондгæнгæ, цъипп- цъипп кæны. Чысыл фалдæр басиры æмæ та алырдæм "афæлгæсы. Герсан æм йæ цыбыр пух цонг байвазы, фæлæ та йæ уый фæсайы. Фæстаг хатт ма иу цъипп фæкодта, æмæ бынтондæр атахти. Лæппу" ныккуыдта æмæ дæлгоммæ ахауд, йæ къæхтæ цæгъды. Алæг æй йæ хъæбысы фелвæста æмæ йæ хуымы кæ- рон æрæвæрдта. Йæхæдæг тæгæр уис ракодта. Хæрын- тсъайы тъæпæн фистонæй йæ хойы алырдыгæй. Йæ зæр- дыл æрбалæууыд, уадындз аразгæйæ-иу тæгæры лыг- гамæ куыд дзырдта, уый: Ауай, ауай, де ’мбæлттæ Тæгæрджынæй агæпп ластой... Æмæ ма ныр цы, гъа! Йе сдзурæнтæ йаё бар нал сты... Фæлæ тæгæры лыггагæн йæ цъар уæддæр къоппæй -агæпп кодта. Уайтагъд дзы уадындз ацарæзта. Терсанæн ма, æвæццæгæн, уый агъоммæ дæр уыдис уадындз æмæ йæ чысыл рустæ ныкъкъуыпп кодта, аф- тæмæй цæгъдыныл схæцыд. Уайтагъд й& маст айсæфт, кæд ма йæ цæстытæ хуылыдзæй зындысты, уæддæр. г Алæг фæджихау... Афтæ йæм фæкаст, цыма уадын- дзы зæл йæ хъустыл сæмбæлд, фæлæ йæ æххæст нæ бауырныдта. Æввахсдæр бацыд сывæллонмæ æмæ йæ разы дзуццæг æрбадт. Диссаг... Куы йæм фехъуысы цыдæр зæл, куы нæ... Сыстад, сагъæсты ацыд... „Цы у? Амонды æви æнамонды хабар?.. Ибон дæр мæм цы- ма æхсæрдзæны нæрын фехъуыст, стæй нал. Ау, уæдæ ныртæккæ уадындзы зæлтæ нæ уыдысты?.. æвимæм æнæуи афтæ фæкæсы", — йæ сæр нынкъуыста æрхæн- дæгёей, хурмæ скаст æмæ йæ галтæм араст... 170
Зынг æмæ топпыхос / Садуллæ бады йæ къæлæтджыны æмæ газет кæсы. Сæэлектроны цырагъ мæнæ-мæнæ тæмæн рухс нæ кæны. Фæ^æ уый, зæронд уæвгæйæ, афтæ хорз уыны, æмæ цыфæнды лыстæг фыст дæр æвзары. Уымæн фæзæгъынц хъæубæстæ, зæгъгæ, нæ хистæрæн нырма цæргæсы цæстытæ æмæ саджы зæнгтæ ис. Иууыл диссаг та^ йæ хъæлæс у! Дард фæтæны кол- хозы угæрдæны иунæг фысы хъус дæр фæзынæд! Уай- тагъд æй ауыны, йæ зæлланг хъæлæс кæмттæ æмæ къæдзæхтæ ныццарауы: , —О, уæлæ фиййау, дæ фос фесæфтой, дæ ныййа- рæг мацыуал ныййара! < Кæд æй нæ фехъусы, уæд йæ куырæты фæччитæ йæ сины сæр асадзы æмæ рæгътыл уæлæмæ фæцæй- тæхы. , ...Газет тæрхæгыл æрывæрдта. Йæ къутæр æрфгуы- тæ æрбалхынцъысты. Цæуылдæрарфныхъхъуыды кодта, иудзæвгар иу ’ранмæ йæ цæстытæ ныццавта, стæй усты- ты ’рдæм æрбадзырдта: — Чындз, уæдæ уыцы чызг кæм ис ацафонмæ? — Уæртæ уаты сты, æнхъæл дæн, сывæллонимæ,— ныллæг хъæлæсæй дзуапп радтаБитарон æмæгуымбыл, лæлæхсар хъæдын къусы иннæрдæм æрзылдта. — Фæдзур-ма йæм, дæ рынтæ ахæрон! Чысыл фæстæдæр Тауче йæхæдæг æрбахызт, Герса- ны къухыл хæцгæ. Йæ фыдмæ æввахс, тæрхæгыл æр- бадт." Лæппу йæ мады цурмæ бауад: —- Дзыцца, æри-ма дзыкки. — Мæ чызг,—райдыдта Садуллæ,—Туатæм фыдæй фæстæмæ бирæ чызджытæ байрæзт, бирæты арвыстой чындзы дæр, фæлæ нын дзы нæмыггаджы никуы ничифæ- худинаг кодта. Æмæ мыггаг фæрнæй цæрæнт, фæлæ ма мæнæн иунæг ды дæ чызгæн дæр æмæ лæппуйæн дæр. Дæ мæгуыр мад куы мард, уæд дæ мæнæн ныффæдзæ- 171
хста. Кæд ма дæ зæрдыл лæууы, уæд ма де ’фсымæр йæ фæстаг писмойы дæр уый куы фыста, зæгъгæ, Тау- че уæлдæр скъоламæ фæсаууонмæ уæддæр/бацæуæд. Хорз, хæсты азты нæ колхозы лæджы куыст фæкод- тай æмæ кæныс. Бузныг дæ сты нæ хъæубæстæ се ’ппæт дæр. Ныр хæст кæронмæ фæхæццæ кæны. Не ’фсæдтæ лæууынц Берлины къæсæрыл. Рæхджы уæла- хизы бон æрлæудзæн æмæ дæм цы фæнд ис, ахуырмæ ма цæуыс æви... — комкоммæ йын бакаст йæ цæстытæм. — Цæмæннæ ацæудзынæн, исты зæронд бадæн?! — 0, æмæ уæдæ уыцы æнамонд лæппуйæ куы нæ хицæн кæныс, уæд уый та цы амоны? — йæ хъæлæсы цыдæр дæрзæг мæсты таг ныззæлыди зæронд фыдæн* Чызг фестад æмæ устытйрдæм фæцæуæг: — Цæмæй æнамонд у? Райгуырæн бæстæйæн йе ’взонг цардыæмбис кæй радта, уый тыххæй?! Садуллæ йæ мидбынат базмæлыд. Йæ зачъейыл фи- дар ’ныххæцыд, цыма йæ ныртæккæ æрыскъуындзæн, афтæ: — Уæдæ йæм бон цалдæр гæппы дæр уымæн кæныс, йе ’фцæджы дæр уымæн* æрцауындзæг вæййыс, нæ, на-ч лат цыдæр... Цæйнæфæлтау мæ урс сæры хилтыл худи- наджы сау мигъ æрбада, фæлтау дæ мæхи къухæй ных- хур^ кæндзынæн! — фестад æмæ къæлæтджын пъолыл æрриуыгъта. — Абонæй фæстæмæ дæ йе ’мгæрæтты ацæу- гæ дæр куыннæуал фенон! — йæ цæстытæ цæхæр акалд- той,—стæй кæд исты... уæд ам^ уыдзыстæм, — ныллæг- дæр хъæлæсæй балхынцъ кодта йæ ныхас Садуллæ. — Уый рæдыд хъуыды у, мæ фыд! Ома кæд сдзæ- бæх уа, уæд ,,ам уыдзыстæм", кæннод...— ныккуыдта Тауче æмæ феддæдуар. Садуллæ йæ фæдыл иу æхсгæ каст фæкодта, стæй хæдзары, лæгтырдыгæй хайы ’дыууæрдæм рацу-бацу каены. Йæ аууон чъырæйцагъд урс къулыл йемæ зилы. Битарон, йæ гуымбыл къæбицмæ фæцæйхæсгæйæ, ду^ргæрон фæлæууыд. Йæ хицаумæ лæгъзтæгæнæджы каст бакодта: 172
— Мæнæн, чи зоны, дзурын не ’мбæлы, фæлæ уыцы чызг æмæ лæппу, худинаг йæ сæрмæ чи’ ’рхæсса, ахæм- тæ не сты. Лæг йæ мидбынат цæхгæр фæлæууыд: — Наё, нæ, чындз! Уый гæнæн нæй!.. Ды дæр нæ бинонтæй дæ æмæ исты уынаффæйыл ных- хæцын хъæуы. Лæппуйы мады æфсымæр " Хъазбег та мын ибон афтæ бафæр’æзтаг ныры фæсивæд, дам, -хивæнд сты, сæ бон у æмæ лæджы феваст кæной... Æмбарыс, ,,феваст кæной", тæрсын мæ кæны... Тауче йæ уаты фæрссаджы фæйнæгыл йæ дыууæ армытъæпæныл йæ сæр æруагъта æмæ дурдзавдæй бады. Йæ зæрдæ йын саджилтæ кæнынц ’ алы сагъæстæ. Йæ фыды æртхъир’æнтæ, æлвæст хъамайау^ йæ разы зынг- / æрттывд кæнынц æхсæвы тары. ,,Йе ’мгæрæтты ацæу- гæ . дæр, дам, дæ куыннæуал фенон. Ох, мæ фыд, мæ фыд! Уый æнхъæл дæ нæ уыдтæн... Алæг дæр дæ, мæгуыр, йæ ехсы хъæд зоны, ныфс æй нæй... Æви мын тæригъæд кæны?.. Æмæ йæ æз цымæ æрмæст уарзгæ кæнын, æви тæригъæд дæр? — Нæ зонын... Æрмæст æй æрæгмæ куы фенын, уæд мыл бæстæ зилы, мæхицæн бынат нал фæарын, æмæ дзы ныр бынтон ахицæн уон^.." Иудзæвгар та ныхъхъус... Стæй, цыма, йæ зонд фæкуыддæр, афтæ фæци. Æвиппайды фестад. - Къуымæй йæ чемодан раскъæфта. Байгом æй кодта æмæ дзы æвæры йæ къабатæ, йæ къандзæлттæ, йæ дза- быртæ. Къамоды сæрæй райста чингуыты къона, йæ фæндыр. Чемодан — йæ къухы, фæндыр йæ — дæ- ларм. Мæйрухсмæ ма къуымты иу каст акодта. Къулыл йæ мад æмæ йе ’фсымæры къамтæм фемдзаст. Йæ мид- бынат бандзыгау. Афтæ йæм фæзынд, цыма йæм йæ мад кæсы тызмæг, æлхынцъæрфыгæй, дзуры йæм: ,,Мæ иунæг чызг, уый дæ куы зыдтаин, уæд дæ дæ авдæнмæ"... Фæлæ йæм цыма йе ’фсымæр мæсты нæу, хæлар цæстæй йæм кæсы: ,,Æгонгæй, мæ чысыл хо, раст кæныс. Алæг йæ зæлланг хъæлæс мæнæ ам, мæ ин- 173
гæны цур ныууагъта... Уарзтыл гадзрахатæй цæуын не~ . ’мбæлы"... ’ ’ ] Тауче цæхгæр фæзылд. Йе стыр быд дзыкку та иу-% æрдæм фæдзой кодта, дуар йæ фæдыл рахгæдта æмæ федде. Фæтындзы уæлæсыхмæ æгуыппæг,' мæйрухс æхсæвы. Хъуысы йæм æрмæст йæ зæрдæйы цæф. Нæ дæр æхсæрдзæны нæрын, нæ дæр комы доны иугъæ-> дон сырсыр ахсы йæ хъус. Мæнæ Алæгаты кулдуары раз, алы хаттау, тымбыл- тæй хуыссы Мила. Дардæй ракæсгæйæ зыны миты- къуыбары хуызæн. Уайтагъддæр фестад. Йæ къуыбыр хъугтæ фæхъил сты, иу ,,æпп" дзы райхъуыст, фæлæ йæм чызг ныллæг хъæлæсæй „Мила/ зæгъгæ, куы фæ- дзырдта, уæд æм куыдз бауад æмæ æхсызгон хъыс- хъыс скодта. • - Тауче лæгбахизæн чысыл дуары къæбæлыл фæхæ- цыд æмæ байгом. Бацыд кæртмæ. Ныллæг асиныл ца- дæггай схызт — Мила дæр йæ фæдыл. Мæнæ Алæг бал- къоны даргъ тæрхæгыл уæлгоммæ хуыссы. Йæ армы- тъæпæнтæ сты йæ сæры бын. Чызг йæ уæлхъус æр- лæууыд. Æнæ даст, фæлахс уадултыл мæйрухс хъазы. Йæ ф&тæн ныхы бын дардыл ныззылдысты йæ даргъ æрфгуытæ. Йæ риувæйнæг хъæццулы дæлæмæ-уæлæмæ кæны. Тауче йæ хæссинæгтæ æрывæрдта. Хуыссæны бы- лыл æрбадт æмæ Алæджы сау сæры хъуынтыл йæ арм уæздан æруагъта. Лæппу фестъæлфыд, æвиппайды фæ-: бадæг. Йæ цæстытæ тарст тъæбæртт-тъæбæртт скодта æмæ знæт каст кæны. Уый йæм фæлмæн мидбылты ба- худт æмæ йын йæ разы йæ чемодан æмæ йæ фæндырмæ ацамыдта. • »Алæг афтид мидæггæгты фестад, фæлæ куы фæ- хъуыды кодта, уæд фефсæрмы, фæстæмæ хъæццулы бы’н абырыд. Чызгæн йæ къухæй ацамыдта, иннæрдæм азил, зæгъгæ. Тауче ныххудт æмæ балкъоны кæронмæ йæки айста. Лæппу уайтагъд йе ’ттаг хæлаф акодта^ 174
чызгмæ бауад, йæ-тыхджык габæзтæй йæ фелвæста, йæ риумæ йæ æрбалхъывта æмæ йын адджын пъа ныккрдта. Мила куыддæр стыхст, схъысхъыс кодта æмæ сæ алы- варс срог, хæрдмæ сæм скæс-скæс кæны йæ дымæг тил- гæ. Мæйрухс тынгдæрæрбакаст балкъонмæ, дыууæ æв- зонг уды, зæрдæтæм. О, уыцы æнæферохгæнгæ мæйрухс æхсæв... -■• „Гыцци, ма ацу!а Тауче фыццаг дыууæ боны хæдзарæй ничердæм ацьци Бирæ нæ, фæлæ кæртмæ рахизын дæр йæ цæсгом на$, хъæцыд. Æрмæст-иу балкъоны къуымæй йæ цæст ра- дардта хъæууынгыл, йæ цæгаты ’рдæм: исты уæлдай змæлд дзы ис кæддæра. Афтæ йæм каст, цыма ныр канд адæм нæ, фæлæ хъæдтæ дæр æцæ дуртæ дæр ууыл аллалла кæнынц. Алæг райсомæй хуыммæ куы раст кодта, уæд къæ-< сæргæрон Таучейы йæ хъæбысы, ■ ныттыхта, ,сæ былтæ кæрæдзийыл андæгъдысты, стæй йын фæйнæг, къулыл æрбафыста: „Абон макуыдæм ацу, мæ дунейы рухс. Цы амал уа, уымæй дæм тагъд зындзынæн". ’ • Æрыгон æфсин бон изæрмæ ацы фыст цал æмæ цал хатты бакаст! Ныр дæр мæнæ йæ разы лæууы, йæ цæс- тæнгас дзы нæ иппæрд кæны. Хатт ыл йæ уырзтæ; дæр- рахæссы. Фæлмæн, уарзæгой хъæлæсæй йын сфæлхатт кæны йæ фæстаг ныхас: „Цы амал уа, уымæй дæм. тагъд зындзынæн". Уæвгæ, йæ зæрдæ дæр тынг æхсайы. Алы сагъæс- тæ йæ сæры февзæрынц... „Саду ныр тынг мæсты уьь- дзæн æмæ йыл афтæмæй куы аныдзæва... Науæд мæ фы- дæн.йæ риссаг зæрдæ миййаг мæ мастæй исты". ■: Æвиппайды кæртæй æрбайхъуыст Дадойы зарын: »г т
Уæ нæ нæуæг чындз, Тауче, ’ о Уæ хъуымбылдзыкку сау рæсугъд! Алæджимæ балкъонмæ схызтысты. Дадо дæрддзæф .-æрлæууыд æмæ сæм кæсы: Тауче фæсырх. Йæ сæр æруагъта, цыма пъолыл ис-, ты агуырдта, уыйау æмæ йе ставд дзыккуйы кæронимæ архайы, стæй, бæлонау, ’фæппæррæст кодта æмæ хæдза- ры смидæг. Æрмæст ма йын къæсæрыл йæ даргъ дзыкку æнкъуысгæ ауыдтой. Алæг йæ къух ауыгъта. Дадойы цонгмæ бавнæлдта æмæ уыдон дæр къæсæрæй, бахызтысты. Уазæг стъо- лы цур æрлæууыд, йæ галифейы дзыппæй систа арахъхъы авг, иннæмæй та — кафетты тыхтон. ч — Сымах хуызæн сывæллæттæм нырма цæй арахъхъ уыдзæн! Æмæ уæ мæт нæ кæнын, фæлае, зæгъын, цæмæй акувдзыстæм, — сдзырдта Дадо æмæ æрбадт, йæ дæллаг фарс — фысым. Тауче къуымты зилæнтæ кæны. Стъолыл февзæрд цæхх, мыдгъуыз уæрæхком сыкъа, стæй пецы бынæй х^æдын тæбæгъы райста уæлибыхтæ. Алæг йæ мидбынат базмæлыд. Дадойы басхуыста, йе ’фсинмæ йын ацамыдта, стæй йæ хистæр æнгуылдз ’фес- хъæл кодта. Фырбуцæй йæ цæстыты цины цырæгътæ ссыгъд, йе ’рфгуытæ та бæрзонд сфардæг сты. Дадо, сыкъамæ арахъхъ уадзгæйæ, афтæ бакодта: — Фæлæу, фæлæу, мæ хæлар! Нырма дзы æгæр тагъд æппæлыс. Иу мæсты дæм кæд фæуа, уæд, мæнау, афтæ сæрбихъуырой акæндзынæ, æмæ...—-йæ сæры нуæ- сыл йæ арм æрхаста. Тауче хъæрæй ныххудт æмæ сдзырдта: . — Фæлæу, ма та райдай. Зæронд хъуыддæгтæ-иу ма æрымыс, фæлæ ма зæгъ, хъæубæстæ цы зæгъынц, кæ- нæ абон Садулы нæ федтай? ’г- Цы зæгъынц? Тауче, дам, рагæй дæр сурæй дас- та ^емæ, дам, ныр дæр йæ фæнд атардта. Алчи дæр 176
стыр хуынтæ цæттæ кæны. Æцæг, дæ фыдæн йе ’рфгуы- тæ ноджы фæпыхцылдæр сты. Йæ дзыхæй ту дæр нæ хауы. Алæг кæм хуым кодта, уырдæм йæ къах нæ ба- вæрдта æгас бон, афтæмæй, зæхмæ кæсгæ, фæлладгъуы- зæй цыдис. Фæлæ йын ма тæрс, æруазал уыдзæн... Таучейы цæссыгтæ æрызгъæлдысты. Йæ хæкъуырцц- куыд райхъуыст. — Æнæуи дæр йæ зæрдæ риссы æцæ та йын ныр æз дæр... — Фæлæу,. дæ былтæ ма ’руадз. Дæу уый фæнды æмæ Алæджы хуызæн рæсугъд лæппуйæн куы пъатæ æмæ хъæбыстæ кæнис æмæ йæ зæрдæ дæр куы никæ- мæн риссид.,. Уæ чындз Битарон ын радзырдта афтæ: „Чызджы æз мæхæдæг ныккодтон. Æнæ сæ кæрæ- дзи сæ бон нæ уыд. Исты хахуыр айхъуысыны бæсты мæм афтæ хуыздæр фæкаст*. Дæ фыд, дам, уæд йæ къух ауыгъта æмæ йæ куыстмæ афардæг. Бамбæрстат, æдылы къоппатæ? Чындзæхсæв æрцæттæ кæнут, æн- дæр дзы ницыуал хъæуы, — сæ дыууæйыл дæр йæ цæст ахаста æмæ сыкъайыл бæрзонд схæцыд. Тауче йæ раздарæны кæронæй йæ цæссыгтæ асæрф- та æмæ йæ мидбылты фæлмæн куы бахудти, уæд ын ахæм æнгас уыд, цыма фæскъæвда хур ракаст æмæ сæ райдзаст хæдзары арвы рон ферттывта. ...Саурихи милизæр æхсæвы хъæбысы раджы абы- рыд. Куыствæллад хæххон хъæу йæ фынты ныгъуылы. Стыр фæсахсæвæрты мæй сзынд æмæ æрдз урс-урсид афæлдæхт. Æртæхдзаст кæрдæджыты ирдгæ гæзæмæ узы, мæйрухсмæ тыбар-тыбургæнгæ сæ цæст ныкъу- лынц. Алæг тарф фынæй кæны, Нæу фынæй æрмæст Тау- че, уæлгоммæ хуыссы æмæ цармæ кæсы. Йæ даргъ дзык- ку йæ къуыбыр риуты астæу хъуырист урс хæдоныл улæфы. Йæ сæры алы мæт, алы сагъæстæ ленк кæ- нынц. Адыууæ боны йæ куыстмæ цæуын хъæудзæн, ам дæр кæдмæ баддзæн?.. Хъæубæстæн ма йæхи куыд 12* 177
равдисдзæн, уæлдайдæр йæ зæр’онд фыдæн. „...Фæхъо- мыл мæ кодта. Авгау мын æрхауынæй тарст. Гыццийы амарды фæстæ мын мад дæр уый уыд æмæ ’фыд дæр. Ныр æй æнæнхъæлæджы феваст кодтон. Науæд нæ чындз. Мæ азымæй йæхи схайджын код- та, цыма йын йæхи судзгæ маст фаг нæу. Мæхæдæг, дам, æй ныккодтон... Ех, цы сыгъзæрин адæймаг дæ æмæ дыл дæ амонд цæй гадзрахатæй рацыдК Æрыгон. идæдз... Кæдмæ афтæ фæбаддзæн... Цалынмæ та йыл иу дурзæрдæ ног туг æрымыса"... Алæг базмæлыд. Тауче йæм бакаст" æмæ йæ хъæццу- лы кæронæй æрнуæрста. Цыма йын йе змæлд хъусы, уыйау æм мидбылхудгæ дзуры: „Æвзæр, ацы сагъæс- ты дæу тыххæй бахаудтæн"... Лæппу та стæлфыд, йе ’рфгуытæ æрбалхынцъытæ сты. „...Нæ, нæ, ма тыхс, — хъуыды кæны Тауче. — Хъазгæ дæ кодтон, ды та мæс- ты сдæ. Дуне иннæрдæм куы фæфæлдæха, къуыппæн зарæг мыл куы скæной, уæддæр мæн дæ. Кæд дзурын нæ фæразыс, уæддæр дæ æз æмбарын... Де_*нæхинцæс- тæнгасы сыгъдæгæй кæсы’н дæ рухс хъуыдытæ, дæ уаз бæллицтйе. Æрмæст мæм хатт æдзынæг куы ’рбакæ- сыс цыдæр сдзурынæввонг, æнкъард улæн дæ рæсугъд. цæсгомыл куы аленк кæны, уæд мæ зæрдæ суынгæг вæййы, нырдиаг кæнынмæ мæ бирæ нал бахъæуы"... Алæг та ногæй стæлфыд, схъуыргъуындæг. Мæнæ йæм цыма йæ мæгуыр мад фæрссагæй æрбахызт. Арæх-- иу куыд уыд, афтæ та йæсæр—баст. У фæлурс, кæуын- дзаст. Уайдзæф ын кæны.., „Уаих фæуай, мæ хъæбул. Æз де ’рцыдмæ куы бæлг лыдтæн, мæ цæсты бын куы никуы басур, уæд дæ ци- наг æнæ мæн цæмæн бакодтай?.. Æви цæ фыды хæдзар сындзæрхæй кæй æрыййæфтай, уый тыххæй мæм смæс- ты1 дæ!.. Нал мæ ныууагъта, нал, æгъатыр, саузæрдæ мæлæт.’Дæ зæрде йын цъус фæлæгъзтæ кодтон, фæлæ мæ’æнæдзырды бон фæкодта. Ех, уæддæр мæм дæ цинагмæ *нæ фæдзырдтай. Аф- 178
тæ æнхъæл дæ, не 4рцыдаин?Æмæ маа.цы баурæдтаид..^ ингæны къултæ? Фæнык сæ фестын кодтаин, сау фæ- ныкц... ’ Алæг та базмæлыд, ра^ъуыст йæ гуымгуым. „Дæ нывонд фæуон, мæ иунæг, — дзуры дарддæр йæ мад, — хæсты быдыры дæ фыды ингæн никуы федтай? Ам, мæрдты бæсты дæр куы никуы ис. Уæвгæ, йын цалын- мæ йæ зæххы хай рахицæн кæиай, уæдмæ не ’рцæудзæн; Мæ ингæны фарсмæ ма куы ис бынат... цæуылнæ мæм исты дзурыс? Æви дæ рæсугъд усы цур дæ мад æмæ дæ фыды ферох кодтай. Хорз, мæ иунæг, хорз! Уæд- дæр дын мæ дзидзийы хъуыртт хæлар уæд. Фыдаудæн дыл не скæндзынæн... О, ныртæккæ кæрчытæ ныууас- дзысты æмæ æз дæр фæдæлзæх уыдзынæн, Фæлæ дыи мæ уынд кæд афтæ хъыг у, уæд дæм никуыуал æр- цæудзынæн... Хæрзæхсæв... Æз цæуын"... — Гыцци! Ма ацу! — ныхъхъæр кодта Алæг æмæ йæ хуыссæнььрабадæг, йæ цæссыгтæ гæргæр кæнынц... кæ- уынхъæлæсæй та фæхъæр кодта: — Гыцци, ма ацу!.. Тауче йыл йæхи баппæрста: ч — Алæг, мæхи Алæг. Сдзырдтай! Сдзырдтай! О, ду- нескæнæг!.. —-йæ дарæс кæнынмæ фæци. Уæдмæ кæрчы- ты уасын дæр æрбайхъуыст. Топпы фатау, уынгмæ ра- тахт ус:~Алæг сдзырдта, Алæг! — Схæццæ йæ цæгатмæ æмæ дуар ныххоста: — Саду, Саду! Чындз, о; чындз! Алæг, Алæг сдзæ- бæх, сдзырдта...—æмæ сæ къулæнцой йæхи бауагъта йæ хид сæрфгæ... ’ ■ Битарон уайтагъд дуар фегом кодта. Таучейыл ныт- тыхст. Батæ йын кæны йæ умæл уадултæн. Садуллæ дæр рахызт, йæ цухъхъа йе уæхсчытыл, у бæгъæмсар. Ирдгæ йын йæ урс сæры хилтæ фæйлауьь Тауче йæм йæхи баппæрста,_йе ’фцæджьЛныттыхст: — Саду, Саду! Алæг сдзырдта, сдзырдта! Чысыл раз- дæр, чысыл... 179
- Лæг исдуг æнцад алæууыд, стæй йæ чызджы йæхи- цæй аиуварс кодта æмæ æнæдзургæйæ сæ кæртæй ра- хызт. Чындз æмæ чызг дæр йæ фæдыл рараст сты. Нырма чысыл йедтæмæ не ’рбарухс, афтæмæй хъæууынгтæзмæ- лæг фестадысты. Зæрондæй, æвзонгæй тындзынц Алæ- гатæм. * Садуллæ дæр æрхæццæ. Кæрт адæмæй байдзаг. Алæ- джы сæ къухты рахæсс-бахæсс кæнынц, пъдтæ йын кæнынц, хæрдмæ йæ æппарынц. Иууыл диссаг та Дадо фæци! Йæ къуылых дæр ыл . нал.зыны, афтæмæй фæндыр куы иумæ хаты, куы ин- йæмæ: --Хъазт, фæсивæд, хъазт! Тауче йæхæдæг æрбахызт. Дадо йын фæндыр йæ къухы фæсагъта. Уый йæ цæстæнгасæй йæ фыды аца- гуырдта æмæ йæ размæ бацыд. Фæрсæджы каст æм кæны. Зæронд лæг æм мидбылты бахудт, йæ сæр разы- йы тылд бакодта. Тауче фæндыр йæ уæрагмæ æруагъта æмæ сæдæ хъæлæсæй суасыд йæ къухы. Фæстагмæ æрцамыдта уæздан’ хонгæ кафт. Дадо бынтон æнæчиугæйæ Алæ- джы раз алæууыд; — Æфсымæр, дæ кафт! Уый рахызт. Садуллæйы комкоммæ дзыхълæуд нык- кодта, йæ сæр йæ риуыл æрæппаргæйæ. Зæронд лæг, урс дзæнхъа цыртау, æнцад лæууы. Æмдзæгъд æрнымæг. Фæндыр æрдæгивæзтæй бамыр. Адæм æдзынæгæй кæсынц. Цы уыдзæн, цы кæнынмæ хъавы зæронд фыд?.. Уый цыма йæ фынæйæ фехъал, уыйау фестъæлфыд æмæ æмдзæгъд кæнын райдыдта. Хонгæ кафты цагъд йогæй дæргъвæтин ныззæлыд. Алæг йæ къахы фындз- тыл асирдта; Тауче æд фæндыр, денджызы хъазау, йæ размæ раленк кодта. Æмуд, æмдзæгъд, зæрдæскъæф •алæ’мæты мыртæ кафджыты сæ уæздан, цæхæр базыр- тыл систой. 180
Адæм сыл сæ цæст æрæвæрдтой. Сæ зæрдæбын мидбылхудты тынтæ сæ тавынц, рæвдауынц сæ, уал- дзыгон хурау. Тауче фæстæмæ-фæстæмæ расиры, Алæг æй рафæн- дараст кæны, йæ сæрæй йын ныллæг акувы, бузныг, зæгъгæ, фæкодта æмæ чъьтлдымырдæм куыд рацæй- цыд, афтæ Садуллæ рахызт. Хъазты астæу æрлæууыд. Йæ цæнгтæ, цæргæсы, базыртау, фæйнæрдæм байтыгъ- та, йæ чызг æмæ йе сиахсмæ цæстæнгасæй йæхимæ фæ- сидт. Ныгъуылдтытæгæнгæ йæм рахызтысты. Йæ дыу-, уæ фарсы сæргуыбырæй æрлæууыдысты. Уый сæ йæ^ химæ æрбалвæста, йæ цæнгтæ сыл ауагъта, стæй сæ суагъта, йæ цæстытæ асæрфта æмæ йæ зачъе уæздан адаудта... Урс рихитæ Мæйрухс’балкъонæй афардæг. Арвы кæфойæ сæ цæст ныкъулынц тæмæнкал стъалытæ. Мæ фысьщ Алæг конд фæци йæ таурæгъ. Базмæлыд, йæ фарсыл æрзылд æмæ ныллæг хъæлæсæй æрбадзырдта: — Гъе, уый дын, нæ уаты къулыл цы фыст къух- фыстытæ ис, уыдон сусæгдзинад, уьтдон таурæгъ. Ныр фынæй, æндæра махмæ æхсæв цыбыр у. Хорз фынтæ фен. Æгæр ныхасыл дæ кæй ныддардтон, уый мын ныб- бар.1 Хæрзæхсæв ын загътон æз дæр, къулæрдæм азылд- тæн æмæ мæ цæстытæ æрцъынд сты, фæлæ кæм! Хуыс* сæг æмгæрон нæ цæуы. Мæ зæрдæ бафтыд, Алæг мын кæй фæдзырдта, уыцы хабæрттимæ. Мæ разы, киноныв- тау, сыстынц фæд-фæдыл. Байстой, сбастой æппæт мæ хъуыды, мæ сагъæс... Æвæццæгæн, æрмæст бонырдæм афынæй дæн. Æмæу чи зоны, æмбисбонмæ дæр нал райхъал уыдаин, мæ фы- сымты фаззон лæпппуты хъæлæба куынæ уыдаид, уæд. 181
" — Нæ, уый баба нæу! — Баба у! — Нæу, нæу, нæу! — йæ къæхтæ пъолыл æрхоста сæ иу. — У» У, У’ — фæхъæр кодта иннæ. — Уæдæ-ма кæс, æз æй ныртæккæ... — æмæ сæ иу сбырыд мæ хуыссæнмæ. Мæ хъус мын райвæзта: — Æццæй, баба, ды баба нæ дæ? — Æтт, "дæ мад æмæ дæ фыд! — фæхъæр ыл кодтон æмæ уæлгоммæ фæзылдтæн. Мæ дыууæ къухæй йæ бæр- зонд фелвæстон. Лæппутæ дыууæ дæр ныккæлкæл код- той. Бынæй пъолыл чи лæууыд, уый йæ мидбынат хæрд- мæ схауд: — Ай, ай, нæ дын загътон, ацы баба баба нæу. Уæдмæ сæ мад æд æхсыры бедра балкъонмæ схызт æмæ сыл фæхъæр кодта: — Æ, гуыбынниз уæ макуы бахæра! Æнхъæл дæн, уазæджы фынæй нæ бауагътат! Уыдон ын йæ фæччитыл ацауындзуг сты. — Нæ, гыцци, æз æй нæ райхъал кодтон, — Æгонгæй, гыцци! Уазæг уазæг уыд, баба нæ уыд æмæ йын æз йе стыр хъус райвæзтон. Æз ныххудтæн, ус фефсæрмы: — Мæ зæрде дæ ацы хæйрæджытæ фынæй кæнын нæ бауагътой. Бахатыр кæн,— йæхæдæг мæсты æхсыз- гон мидбылхудгæ 4 хæдзармæ бахызт, йæ сабитæ дæр йæ фæччитыл хæцгæ йемæ, афтæмæй. ’ Æз уайтагъд фестадтæн. Мæ дарæс хуылы’дз нал, фæлæ бандоныл итувæрдæй лæууынц. Сæ разы пъо- лыл — мæ дзабыртæ — хæрз сæрфтæй. Акодтон сæ æмæ гом дуарæй хæдзармæ бадзырдтон: — Цæй, хæрзрайсом раут, уæ бæркæдтæ бирæ. Мæн угæрдæнмæ бауайын хъæуы. — Ныртæккæ, ныртæккæ! Фæлæу, хосдзауты дын ацамоион,— радзырдта æфсин æмæ йе ’хсыр фæрсудзын фаауагъта. Æз та, дысон изæрау, мæтæккæ раз къулыл бакастæн: 182
„Аходæн-иу мын фаллаг фæтæнмæ рахæсси... Чысыл фæстæдæр ус стыр урс къусыдзаг ногдыгъд, хъæрмуст æхсыр рахаста. Йæ лæппутæ дæр та йæ фæччитыл ныпписи сты. — Гъа, æхсыр уæддæр аназ, æндæра ардыгæй фал- лаг фæтæнмæ дард у, бастайдзынæ,— æмæ иу къах- дзæф фæстæмæ ракодта. — О, мæнæ ам дæр фаллаг фæтæны кой ис,— мæ цæс- тæй’ацамыдтон къулмæ æмæ къус мæ дзыхыл сдардтон. — Уый Алæджы зæронд фыстытæй у,—йæ мидбыл бахудт ус æмæ цæмæндæр фефсæрмы, йæ къæхты бын- мæ ныккаст. Æз æвдадзы хосы хуызæн æхсыр анызтон æмæ дзаггарз æфсинмæ бадардтон. / - Лæппутæ мæм хæрдмæ скастысты æмæ æмхуызон ныккæлкæл кодтой, сæ мидбынат скафыдысты. — О, уазæгæн — урс рихитæ, урс рихитæ! Æз исдуг фæджихау дæн. Нæ бамбæрстон, цæ- мæй зæгъынц, уый. Стæй йæ куы фæхъуыды кодтон, уæд хорзау нал фæдæн. Æрыгон лæппуйау, фырæф- сæрмæй мæ хъустæ ссыгъдысты. Къухмæрзæн сисын дæр нал фæцарæхстæн, фæлæ мæ былтаё мæ хæдоны ^ дысæй æрбасæрфтон æмæ мидбылхудгæ фæцæуæг дæн.:. 183
КОМЫ НАРÆДЖЫ1 1. Иунæджы кадæг Мах хуызæн мардмæ нæ V цæуынц æндæр рæтты. Къоста* Хæдзар æгуыппæг, тæссаг æмыр ньщци. Афтæ зынд, цыма æппæт дуне дæр фыдохы сау кæрдæн æркодта. Æрмæст Дзандоры тыхулæфт тынгæй-тынгдæр хъуысы. Абон ыл комы нарæджы кулак Уасилы топпы нæмыг куы сæмбæлд æмæ йæ бæхæй куы расхъиудта, уæд ма. дзургæ дæр кодта. Суанг æй цалынмæ ардæм, йæ царæ- фтыд идæдз мадмæ æрхастой, уæдмæ йæ цæстæй дæр каст, фæлæ ныр ныггомыг, йе стыр сау цæстытæ ныхгæдта. Йæ даргъ цæстыхаутæ, адæджы уистау, бæз~ джын æрæмбæрзтой цæсты бынтæ. Уæртæ йæ мад йæ тæккæ цур бады наз фæйнæджы гæппæлæйарæзт бандоныл. Æдзынæг кæсы йæ иунæ- джы цæсгоммæ. Йæ даргъæнгуылдз, дæрзæг къух ыет йæ фæтæн ныхыл æрæвæры æмæ къæхты бынæй ныу- унæргъы, ныллæг хъæлæсæй йæ дзурын райхъуысы: — Æ, бындурзылд куыд фæдæн, мæ дарæг, мæ уромæг... Æмæ та ныхъхъус вæййы. Йæ разы фæд-фæдыл, кинонывтау, азгъорынц йæ бирæ дудгæбæттæ. Йæ сæры хицау меньшевикты ныхмæ Сацхереты тохы куы фæмард, уæд йæ иунæг хъæбул Дзандорыл цыд æр- 1 ’ Ацы уацауы фыццаг хай мыхуыр уыд авторы чиныг «Æв- зæрст уацмыстæ»-йы 1961 азы. Уый фæстæ мыхуыры рацыд, уы- . рыссаг æвзагыл Тбилисы йæ прозаикон уацмысты æмбырдгонд. «Свет в горах», зæгъгæ, уым 1965 азы. 184
мæст авд азы бæрц. Цæгат Ирмæ куы лыгъдысты, уæд æй Къутыхы æфцæгыл фылдæр йе ’ккой фæхаста. Уый фæстæ йын фæрынчын тифæй. Тыхæй ма йын æрыздæхт мæлæты къæсæрæй. Айстой йын æй Дзæу- джыхъæуы сидзæрдонмæ. Уым Дзандор цалдæр азы дæргъы чиныг базыдта. Фæстæдæр æрцыд йæ мадмæ. Цыдис скъоламæ. Æнувыд уыд ног цард аразыныл. Ра- хъомыл æмæ йæ равзæрстой фæскомцæдисы разамонæп куыстмæ. Ныр æй абон тугæрхæмттæй æрбамидæг код- той йæ ныййарæг мады размæ. Дзандоры дæлфæдтæм тæрхæгыл бады Тугъан æмæ рæдзæ-мæдзæ кæны. Ныр цалдæр боны у æнæдаст. Йæ русыл хъазахъхъаджы карды цæфæй цы даргъ нуæс ис, ууыл хъуын нæ хæцы æмæ сау хилы астæуæй, сырх- бын фæтæн хаххау, зыны æхсаргардæн йæхи хуызæ- нæй. л Дзандор æвиппайды сызмæлыд йæ мидбынат. Фер- хæц-ферхæцгæнгæ сулæфыд. Цыма йын уæлдæф нал фаг кодта, уыйау йæ дзых фæхæлиу æмæ дзы рай- хъуыст: — Д-о-н... Устытæй йу рынчыны сæрыл чысыл схæцыд æмæ йын йæ мад сау тæгæр къус йæ былтæм бахаста. Уый дзы дыууæ зыд ныхъхъуырды акодта, стæй йæ сæр иннæрдæм азылдта. Рафт-бафт райдыдта. Куы бынтон фæуромы йæ улæфт, куы та тагъд-тагъд дæлæмæ-уæ- лæмæ сисы йæ риувæйнæг. Æвиппайды й& рахиз фарсырдæм фæцæйзылд. Ту- гъан æм фæлæбурдта, уыцы фарс ын уыд топпы цæф æмæ йæ фæстæмæ уæлгоммæ æрхуыссын кодта. Афтæ- йæм фæкаст, цыма йын дохтыр йæ хъæдгом æгæр лæ~ мæгъ бабаста æмæ бинт дæлæмæ æрбырыд. Уымæ гæс- гæ бæттæны дыууæ кæроны арæхстгай кæрæдзимæ æрбалвæста. Дзандор цадæггай йæ цæстытæ байгом кодта, ком- коммæ нымдзаст Тугъанмæ, стæй йæ сæр азылдта йæ 385,
мадырдæм. Иудзæвгар æм æдзынæг фæкаст. Афтæ зынд, цыма йæ улæфт дæр баурæдта. Йæ цæстыты цыдæр тæригъæд æнгæс фæзынд æмæ ныллæг хъæлæсæй сдзырдта. — Ох, гыцци, иунæгæй та баззадтæ... Устытæ сæ кæуын нал баурæдтой, сæ фуртт-фуртт . райхъуыст. Фæлæ йæ мад змæлд дæр нæ фæкодта, ныммæстæг, ныммыр. Дурдзыртау æмрастбады, йæ хъæ- булæй йæ сагъæсмал цæстытæ нæ исы, афтæмæй. Рынчын йæ ком фæхæлиу кодта, райхъуыст йæ хыр- хыр. ..» Йæ мад йæхи нал баурæдта, йæ рустæм фæлæбурд- та, иннæ устытæ йынйæ цæнгтæ ацахстой. Тугъан фес-, тад æмæ бахæцыд удисæджы цæстытыл. - Хæдзары къултæ скъуыдтæ кодтой * мады зæрдæха- лæн хъарæгæй: Уæ мæ цæугæ мæсыг, Уæ мæ лæугæ хох, Мæйдар æхсæвы боны цыд чи кодта. Уæ мæ сау рæхыс ме ’фцæджы куыд рзхастон, Мæ быны лæдзæг мæ къухмæ куыд райстон, Уæларвæй ме стъалыйы хай куыд расхъиудта, « Зæххыл мæ кæрдæджы халкуыд бахус, , Кæд дон-дон кодтай — топпы цæф, дам, дойныгæнаг у, ’- Æмæ доны бæсты дæ сау туг арæхæн банызтай... ^ Æрбайхъуыст тæркуарды сæртæг гыбар-гыбур. Хæ- дзары чысыл фæрссагæй ферттывта сырх-сырхид къæдз- тæ-мæдзтæ рæхыс. ...Сæурайсоммæ æрвгæлæн цы къæвда кодта, уый ^аерсабыр. Бон йæ тыхы бацыд. Ирыстоны хæхтыл фыц- цаг хуры тынтæ сæмбæлдысты. Лæгъз айнаег къæдзæх- тæ, стыр кæсæнтау, æрттывтытæ калынц. Цæссыграесуг суадæттæ, сыгъзæрин сийæгтау, зынынц цъæхденджыз фæтæнтæй. Æрмæст ма Бурхохы сæрыл, урс нымæт худау, йæ тæнæг базыртæ æруагъта иу урс мигъы тъы- фь1л æмæ æнкъардгъуызæй фæлгæсы. * 186
Адæм, æмбырд кæнынц зианджыны хæдзары кæртмæ: хъæубæстæ, комбæстæ, хæстæджытæ, уæлдай фылдæр цæуынц фæсивæд. .Æфсæддон рæ’’нхъы лæугæйæ, горæ- тæй æрбахæццæ сты æххуырстыты курсыты фæсивæд. ■ Сæ разæй фыдохы тырыса йæ сау базыртæ тилы. Сæ фæстæ цæуы Уардис лæдзæджы æнцæйтты, къуылых- къуылых. Æгомыгæй лæууынц адæм. Сæ уæззау, фы- дохцæст’æнгас сарæзтой сау зæхмæ. Уалынмæ та хæдзарæй райхъуыст сылгоймæгты тæ- ригъæддаг хъарæг. Зианы йæ сау чырыны рахастой кæртмæ. Æрæвæрдтой йæ ды’ууæ фæхсбаидоныл. Нывæр- зæнырдыгæй йæ иу фарс ис скъуыхты мад, ^иннæ- рдыгæй — Тугъан. Цæссыгты къæвдайæ зæхх умæл кæны. Æрмæст ма зæронд мад ныггомыг, ныммæстæг. Йæ да- рæджы уæлхъус æмраст æмæ онгвидарæй, , цавддурау, лæууЫ. Иунæг цæссыг нал хауы йе стыр къуырф цæс.< тытæй. Курсанттæ æрбацыдысты зианы цурмæ. Гаги йын ’йæ тæккæ нывæрзæнгæрон æруагъта сау тырысайы хъæд. Æрмæст Уардис ардæм семæ нал æрбацыд. Далæ зиæрддзыгой’ адæмы кæрон сæргуыбырæй лæууы, йæ дыууæ сау бæзджын æрфыджы, фæззыгон асæст арвау, хъуынтъызæй зынынц. Йæ хъарм цæссыгтæ кæрæдзи фæдыл тулынц йæ фæлурс уадултыл. Æхсараты Тугъан йæ къухыл бæрзонд схæцыд. Адæ- мыл афæлгæсыд. Хъарæг æмæ зæрдæхалæн гъе-гъе фескъуыдысты. Бæстæ ныссабыр. Урсбарц хæхтæ, мæрццыгойдзаутау, сæ сæртæ æруагътой æмæ æвзонг зынгхуыстмæ æгомыгæй кæсынц. Цыма ныртæккæ ныббогъ-богъ кæндзысты сæ бæзджын хъæлæстæй, сæ урс сæртæ ныххойдзысты æмæ раст- дзысты се ’нусон бынæттæй. — Æмбæлттæ! Хорз адæм! — райдыдта Тугъан. — Абон нæ фæсивæды тæккæ хуыздæртæй, ног цардараз- джыты фæдисон, ленинон хæстонты хъæбатыртæй иу, 187
ирон хæрзæгъдау æмæ кадджын мады иунæг сидзæр хъæбул цæуы сау мæрмæ. Къласон знаджы сау нæмыг æмбæхст ранæй бакодта йæ кæнон. Нæ цардбæллон æм? балæн йæ рæсугъд бæллицты таг аскъуыд æрдæгыл, фæ- цй æнæдзырды бон кулак Бураты Уасилы къухæй.., Æххæст нæма алыг йæ ныхас, афтæ сылгоймæгтæ сæ- хи нал баурæдтой, ныгъгъе-гъе та кодтой. Уардис йæ мидбына.т ныррызт. Йæ фæлурс цæсгом ныр та сырх афæлдæхт. Уытæлпæт адæмы фыдæх, ца- рæфтыдмады тæригъæд, цыма, иууылдæр ууыл уæз код- той, афтæ йæм каст. — Гъе, фæлæ цыфæнды кæнæнт нæ фыдгултæ, — дзу-Г ры дарддæр Тугъан, — уæддæр сæ царды бонтæнымад сты. Адæм сын сæ уидæгтæ бындзарæй сыскъуындзыс- ты. Кусæг дзыллæйæн сæ фæтæг Ленины амынд у хур- вæндаг æмæ сын уымæй фæцудæн нæй. Коммунистæн æрдзæй мæлæт нæ баззад. Нæ риутыл нын стъалытæ фæсыгътой, зынгуæхсты бын цъыс-цъыс кодта нæ буар. Нæ тарстыстæм, нæ ныкъкъуылдтам- нæ цæст дæр. Æппæрстой нæ гуылфартыты цæрдудæй — нæ сыгъдыстæм! Сæрыдыстæм, Батырадзау. Ныгæдтой нæ арф ингæнты лæугæйæ. Нæ сæрыл-иу зæххы уæд систам. Амыранау нæ æфсæн рæхыстæй бастой, — ныз- гъæлдысты нæ къабæзты риуыгъдæй цæгтæ-цæгтæй нæ размæ. Нæ бантысдзæн нæ фыдгултæн нæ сæттын, сырх хуры цалх змæст фурдмæ нывзилын. Нæ зынаргъ кæстæр æфсымæр Дзандор! Ды цы рухс фидæныл тох кодтай, уый мах сараздзыстæм. Дæ ном æнусмæ сыгъдæгæй æрттивдзæн, мæнæ дæ уарзон сæрибаруарз хæхты сæууон хуры тыптимæ. Дæ ныййа- рæг мад уыдзæн не ’ппæтæн кад æмæ намысыл дари- наг. Фæндараст, хæлар, цардбæллон æмбал. Азæлыд та сылгоймæгты гъе-гъе. Æрмæст мад, дур- дзыртау, йæ мидбынат сагъдæй лæууы. Тугъан цыдæр аныхас кодта Гагиимæ, стæй та, æр- дæбонау, йæ къухыл бæрзонд схæцыд: 188
— Хорз адæм, дзырлы бар ис фæскомцæдисон Дза- нæгаты Гагийæн.— Мæрццыгой фегуыппæг. Се ’ппæт дæр сæцæстæнгас скодтой ныллæггомау, тымбылдзæсгом лæп- пумæ. Уый тырыса йе ^мбалмæ радта. Йæ иу къухæй йæ нымæтхуд æрбалхъывта, иннæмæй йæ хæдоны тары дзыппæй систа чырынтæ тетрады сыф, райхæлдта йæ, иу каст æм æркодта, стæй асырх, адæмыл афæлгæсыд æмæ уынгæг хъæлæсæй райдыдта дзурын: Æвзонг, цыбырбазыр цæргæсау, Цыдтæ бæрзонд арвмæ бæлгæйæ. Ныр дæ налат зн^г — зæрдæсау— Æваст æрæппæрста тæхгæйæ. Хъæрзынц нæ урс хæхтæ, нæ фæзтæ, Сæ маст ысцæйтоны сæ риуы. Кæс-ма, дæ ныййарæг дæ фæстæ Тыхæй куыд уромы йæ ниуын... Æваст та адæм ныббогъ-богъ кодтой. Гагийæн æр- дæгыл фескъуыд йæ ныхас. Йæ цæссыг йæ уадултыл æр- лæсæн кодта. Йæ тетрады сыф зианы риуыл æрæвæрд- ,та æмæ тырысайы хъæдмæ бавнæлдта. Бурхохы цъуппыл цы мигъы тъыфыл уыд, уый сыс- тад, цадæггай сивылд арвы тыгъдады æмæ уым батад... 2. Фыдæмбæлæг Калмæн йæ хъулæттæ — æддæмæ, лæгæн — мидæмæ. Æмбисонд. Хуыцаубон. Хур нæма æрбаныдзæвд, афтæ Гаги йæ хъарм хуыссæнæй фестад. Æмдзæрæндоны, йе ’мбæлт- ты куыднæ райхъал кодтаид, афтæ цадæггай йæ дарæс скодта, йæ чингуытæ райста æмæ йæ сау фæсмынхъус дзабырты, фæлмæн къахдзæфтæгæнгæ, феддæдуар. 189
Арæх’куыд фæкæны, афтæ та ныр дæр фæраст Ле-, ’ уахийы былмæ. Æрбахæццæ; Ам йæхи фæцæттæ’ кæны экзаментæм. Бирæ хатт дзы фæфыссы æмдзæвгæтæ дæр.. Кæд æй тæлтæг доны сырсыр фæхъыгдары, уæддæр сæ хъæрæй, йæ къухтæ тилгæ фæкæсы. Стæй уæд фур- ды был цы бирæ дуртæ ривæд кæны, уыдонæн йæ сæ- рæй ныллæг акувы, цыма йын тынг нымдзæгъд кæнынц> уыйау. Гъе, æмæ ныр куыддæр хидæй бахызти, дæлбыл, ныллæг фæрвыты астæу фæндагмæ уæлæмæ фæзылд, афтæ кæсы æмæ уæлæ, дæрддзæф -иу чидæр-, разгъор- базгъор кæны. Йæ мидбынат фæлæууы æмæ йæ цæнг- тæ, цæргæсы базыртау, фæйнæрдæм айтындз-айтындз сисы. Гаги йæм куыд æввахсдæр кæны, афтæ рахатыдтаг чызг кæй у, уый: цæхгæр куы фæзилы, уæд йæ дзык- кутæ уæлдæфы ауыгъдæй аззайынц. Цæуы, лыстæгдæр æм кæсы. Нымдзаст æм ис фæрвбæлæсты фæстийæ. Ныр бæстон базыдта^ йæ уарзон Нинæйы. Ис ыл, суанг: йæ фадхъултæм чи æххæссы, ахæм цъæхбын хъуыма- цæй спортивон хæлаф. Йæ хæрзконд гуырыл æнгом ба* ды урс, миты къæртты хъуызæн, майкæ. Йæ къуыбыр риутæ дзы ’бæрæ! æй зынынц. Лæппу йæм бирæ фæкаст, стæй, зæлдаг æлвисæгау, сыгъдæгмыр æхситтæй анывæзта цыдæр маргъы уæздан ^зард: „Фуфиц-ц-ц, фуфиц-ц-ц-у, фифи-фифиу, фифиу\ Нинæ æнцад алæууыд. Лыстæг айхъуыста. Йæ рæ- сугъд тæнбылтыл мидбылхудт ахъазыд æмæ, зарæг кæ- цæй ивылд, уыцырдæм хъавгæ къахдзæфтæй фæраст. Гаги бынтондæр бæлæсты фæстæ зæххыл баныхæст æмæ ноджы цъæхснагдæр зæлтæй сфæзмыдта бу~ лæмæргъы дæргъвæтин, зæрдæйы тæгтæагайæг къуыз- зитт. Чызг фæрвыты раз бандзыгау. Йæ урс, мæкæрæзы хуызæн дæндæгтæ дыууæ æмраст рæнхъы мидбылхуд- тæй фыццаг хуры тынмæ æрттивынц, афтæмæй, æхсыз- 190
гондзинадæй семкдзаг цъæх цæстытæй, бæлæсты цъуп- пытæм æдзынæг кæсы.Фæлæ уыцы зараг маргъ никуы зыны. „Æвæццæгæн, кæмдæр сыфтæрты аууон бадыа, — ахъуыды кодта чызг. Нæууæй чысыл дуры къæртт сис- та æмæ йæ фæрв бæлæстæм фехста. Гаги фестъæл- ’фыд, стæй. ныххудт: — Мæ сæр мын скъуыдтай, Æхсарон, дарæг ма уа дæ хæдзарæй, — æмæ чызджы размæ рахызтис. Нинæ исдугмæ ницы сдзырдта, стæй йæм иу фæл- мæн, цыбыр цæстæнгас баппæрста: — Ды та æмдзæвгæтæ фыссынмæ æрбацыдаис? — Нæ, æз экзаментæм цæттæ кæнын, — загъта лæп- пу æмæ йæ дæларм цы чингуытæ уыд, уыдонмæ æр- • каст, — фæлæ ды ам цы аразыс? , — Æз та спартакиадæмæ цæттæ кæнын. Кæд дæ ныфс хæссыс, уæд кроссы иумæ бавзарæм нæ тыхтæ. — Цы?! — фæхъæр кодта Гаги, — чызгимæ бавзарон мæ тыхтæ? Æцæг у, кулак Уасилмæ фыййау куы уыд-. тæн,, уæд йæ чызг Уардисимæ дарæны фæзы дугъ ра- уагътам æмæ йын йæ рыг дæр нæ аййæфтон, йæ рыг, Уæвгæ уый раджы уыдис. Уæд ма чысыл лæппу уыд- тæн. — Фæлæу-ма, Уардис ныртæккæ йæхи куыд хаты? Йæ къахы цæф æй тынг хъыг дары? Баба йæ кой арæх фæ- кæны. Тынг тæригъæд, дам, у, — æнкъард хъæлæсы уа- гæй бафарста чызг. — Йæ къахы ц?еф раджы байгас, фæлæ фæкъуылых, лæдзæджы æнцой цæуы. О, æмæ уый афтæ, фæлæ æн- дæр сау мигътæ æмбырц кæнынц йæ сæрмæ. — Ома? — Цы ома? Дзандор йæ фыды топпы нæмыгæй нæ амард?! — йе -рфгуытæ фелхынцъ кодта Гаги. — Æмæ? — Æмæ йын йæ фарст æвзардзысты, — фæкодта лæп- пу æмæ йæ чингуытæм фемдзаст: — Оу, нырма ницæмæ æркастæн, ныхæстыл фестæм 191
æмæ нын иннæбон дæ фыды предмет дзыллæзонынадæй экзамен ис, — мæтгæнгæ загъта Гаги æмæ чысыл фал- дæрмæ йæхи айста. Дурыл æрбадтæмæйæ чиныг рафæл- дæхта. , Нинæ дæр йæ фæдыл бакъахдзæф кодта, йæ цуры «æрлæууыд æмæ йын афтæ: — Æмæ дæ куыд фæнды? Иу хатт дын мæ мады диктант куыд радавтон, ныр дæр ома афтæ? — Ницæмæн мæ хъæуы, дзыллæзонынад æз мæхæ- дæг хорз зонын. Дæхи ма тыхсын кæн, — хингаст æм скодта. Нинæ йæ тæнæг былтæ фесчъил кодта: — О, ныр сымах ахуыр адæм стут, Нал хъуыды кæ- ныс, иу хатт нæм хæдзары дæ цай фæстаг æртахы онг чысыл уидыгæй куы фæхуыппытæ кодтай, хъæуæй куы ’рцыдтæ, уæ... Гаги фефсæрмы, йе стыр хъустæ асырх сты, стæй та йæм хæрдмæ скаст: — Ды уый зоныс, æмæ бирæ хъæууон лæг цыфæн- ды горæттаг ахуыр лæгæй уæздандæр æмæ æгъдау- джындæр у. Еныр, зæгъæм, хъæууон чындздзон чызг, мæнæ дæ хуызæн, нæлгоймаджы хæлафы, дзæгъæл хъæ- ды иунæгæй нæ ратæх-батæх кæндзæн. — Æз ма дæ культурондæр куы ’нхъæлдтон, — йæ былтæ фенцъулгæйæ, загъта чызг, стæй маргъы пæр- рæст фæкодта, цъæх нæууыл йæ сæрыл алæууыд, асæр- бихъуырой æмæ та йæ къæхтыл æмраст алæууыд. Иу цалдæр хатты къæхты бынæй сулæфыд, стæй йæ ба- зыр-цæнгты æрмæринтæ йæ риумæ фелхъывта, æвип- пайды нытътъæбæртт кодта æмæ, æхст фатау, цъæх нæууыл уæлæмæ атахт. Гаги йæ чиныг кæсын фæуагъта æмæ йæ фæдыл нымдзаст, цалынмæ нæ фæаууон, уæдмæ. Йæ сæр бан- къуыста, йæ мидбылты бахудт æмæ та гæххæтты сыфы аныгъуылд. Цасдæр рæстæджы фæстæ Нинæ фæстæмæ æрхæц- 192
цæ. Фалæты дард æрбазылд. Йæ цæнгтæ, бæлоны ба- зыртау, куы бæрзонд сисы, куы та сæ ныллæг æруа- дзы. Æнæкъæрццæй хъæдабæ цъæх нæууыл фæлмæн къахдзæфтæй æрбахъуызыд Гагимæ чъылдымырдыгæй. Лæппу йæ чиныджы афтæ аныгъуылд æмæ, æгæрыс- тæмæй, йæ тæккæ раз доны улæнты сæрсæр дæр нал хъуыста. ’ Нинæ йæ фæскъæбут æрдзуццæг кодта. Йæ пух- æнгуылдз армытъæпæнтæй йын йæ цæстытæ амбæрзта. Лæппу иу уысм æнцад алæууыд, стæй йæ чиныг зæх- мæ æрæппæрста, цæхгæр фæзылд. Чызджы хæрзконд гуырыл йæ ’цæнгтæ æрбатыхта, йæхимæ ^йæ æрбалхъыв- та, йæ хъæбæр къуыбыр риутæ йæм, тымбыл дуртау, фæбыцæу сты. Йæ уæнгты цыдæр судзгæ монц, элект-- роны тыхау, атахти. Æвиппайды йын ныбба кодта. Чызг тагъд-тагъд улæфгæйæ йæхи атыдта: — Æз та ма дæ æгъдауджын лæппу æнхъæлдтон! Цалдæр азы размæ хъæуæй куы ’рцыдтæ, уæд ,хæдæф- сармдæр уыдтæ... Гаги йæ мидбынат сагъдауæй баззад.' Æфсæрмы ныц* ци æви фæсмон фæкодта, æвæццæгæн... Стæй йæ чи- ныг систа æмæ хидырдæм араст. Цалдæр къахдзæфы фæстæ фæзылд æмæ мæсты хуызæй æрбадзырдта: — Цом, нæма цæуыс? — Демæ? —йе ’рфгуытæ сæлхынцъ кодта чызг. Гаги араст, фæлæ йыл уайтагъд къæхты хъæр ссыд. " Фæстæмæ та фæзылд æмæ Нинæимæ кæрæдчимæ фем- дзаст сты. Дыууæ дæр сæ мидбылты бахудтысты æмæ фæрсæй-фæрстæм цæуынц æнæдзургæйæ. Хиды хъусмæ куы ’рбаввахс сты, уæд Нинæ Гаги- йы иннæ фарсмæ йæхи баппæрста: — Ды уйцырдыгæй цу, — тызмæгæй сдзырдта. ’ — Цы уæлдай у? — Уæртæ та уыцы удхæссæг мæ размæ фæци, — йæ цæстæй ацамыдта, сæ ныхмæ цы æрыгон, кæрзконд лæп- пу-лæг рацæйцыд, уымæ. \. 13* 193
Гагй йæм нымдзаст цæугæ-цæуын. Ууыл уыдис æф- сæддон дарæс, дзыхъхъыннопцъæхкакардæджын худ. Йæ, петлицæтыл—милицийы кусæджы нысæнттæ. — Æмæ йæ удхæссæг цæмæн хоныс, рæсугъд лæппу куы у?1 — Калмæн йæ хъулæттæ æддæмæ сты, ацы æдзæс- гомæн та — мидæмæ.' — Уый Саутиты Сауи у. Иу афæдзы бæрц курсыты * мемæ ахуыр кодта, — загъта Гаги. — Æмæ стæй цæмæн нчууагъта йæ ахуыр? —.афарс- та йæ Нинæ. — Бæлвырд ын ницы зонын, фæлæ фехъуыстон иу. хабар. Нæ курсыты уыдысты æрмæст æххуырстытæ. Ацы Сауийæн та, дам, йæ фыд хъæздыг лæг. у, фæсхохы цæры. Фæлæ ам, Хуссар Иры, хызта йæ . мады æфсы- мæрты фос æмæ цыма æцæгæй искæйон у, ахæм доку- менттæ йын скодтой, афтæмæй бахауд ахуырмæ. Куыд- фæстагмæ, дам, йæ хъустыл æрцыд, курсыты дирекци йæ кæй базыдта, уый æмæ уæд йæхи айста уырдыгæй, æмæ куыддæртæй бацыд милицийы ’куыстмæ, — йæ ны- хас балхынцъ кодта Гаги. — Чифæнды уæд, фæлæ афтæ, æнæнхъæлæджы мæ разы февзæры, æмæ æнæхсæст дзырдæппарæнтæ рай- дайы. Удхæссæджы фæллад, — фыдæхæй сдзырдта Нинæ. Уæдмæ Сауи æрбахæццæ сæ тæккæ цурмæ. Йæ га- лы къæлæтыйас сау цæстытæ фæхъулон кодта Гаги- мæ, йæ бæзджын сау æрфгуытæ, дыууæ хъæстæ кал- мау, æрбакъæдзтæ сты æмæ йæ хром цырыхъхъытæй хи- дыя, йæ къахдзæфтæ мыхуыр кæнгæйæ, аивгъуыдта... ) 194
3. Сыгъд уарзт Дæ з’æлдаг кæлмæрзæ» — дæ хурхбæттæн. Адæмон зарæгæй. Фæсахсæвæртæ. Уардис сæргуыбыр æмæ уæнгтæхъй- лæй æрбазынд уынджы фæзилæны. Мæйрухсы йæ аууов йæ галиу фæрсты йе ’мдзу кæны. Йæхæдæг йæ къуы- лых къахæй куы фæцуды, уæд йе ’ндæрг дæр уыцьг- рдæм фæкъул вæййы, йæ галиу къухы йæ цыбыр, къæдз^ сæр лæдзæг размæ куы райсы, уæд та йæ^ йæ аууон’ дæр райсы. Йæ судзгæ сагъæсты фурды æгæр арф куы аныгъуи- лы, уæд æвиппайды йæ цуры, йæ сау æндæрг ауынгзе- йæ, сæнт стъæлфт фæкæны. Æрбахæццæ йæ фатермæ. Куырмæджы уазал гуыдыр 4 йæ тæвд армытъæпæнæй æрысгæрста, бакодта йæ, стæ’й. иувæхсыг дуарыл бахæцыд. Электры ифтындзæн фаз- къæпп кодта æмæ чысыл уат тæмæнрухс ныцци. * Чызг къуымты йæ цæст ахаста. Уæртæ йæ хъæдыв сынтæг, цыдæр хъулон джигшæйфыст хъуымацæй æм-, бæрзт. Мæнæ астæуæй стъол, йæ цуры иунæг гобытъи-: тæарæзт цыппæрдигъон бандон. Стъолы кæрон чингуы- ты фарсмæ Бæбийы фæстаг писмо цъæхбын конверты.| Уардис æй систа, лыстæг æм æркаст, стæй йæ йæ; къухы дзыхъхъы мæсты тымбылтæ акодта æмæ йæ пъо • лыл’ ныццавта. Йæ сæрыл бæрзонддæр схæцыд> йæ рахиа армытъæпæн йæ бæрзæйыл сæвæрдта, афтæмæй. Фæкомкоммæ, уаты къулыл цы дыууæ æфсæйнаджы* къуырд ис, уыдонмæ. Æфсæйнæгты аууæттæ чъырæй* цагъд къулыл адæргъ сты æмæ афтæ зынынц, цыма* дыууæ сау калмы фæбырынц, сæ сæртæ ныхъхъил коД* той, афтæмæй. Цæвиттон, ацы фатер дзуттаг базаргæнæя* Элиайы у, æмæ йын, æвæццæгæн, адон1 дзи;дзаауындзæ№ тæ уыдысты. Афтæ цыргъ дæр уымæн сты се схъæл кæрæттæ. Æфсæн сиучытæй сæ иуыл ауыгъд ис йж’ 1«1?
даргъ зæлдаг кæлмæрзæн дыууæ дыдагъæй. Иу хатт ын иу мæйрухс æхсæв фæсгорæт Бæби апъа кæнынмæ куы хъавыд, уæд ацы кæлмæрзæн уæлдæфы атахт, рæу- базыр бæлонау. Ныр æппæт уыцы нывтæ, æхсызгон фынтау, Р.æ рæзты аленк кодтой фæд-фæдыл... Йæ цæстытæ донæй айдзаг сты... ^Уардис кæлмæрзæнмæ æдзынæгæй бирæ фæкаст, стæй нæ дæр дуар фæстийæ сæхгæдта, нæ дæр рухс а^уыссын кодта, æфтæмæй æвиппайды ныккуыдта æмæ йæ сынтæгыл дæлгоммæ ныххауд. Йæ дыууæ цонджы стæ- вдæн сау дзыккуйы сынтæджы чъилæй æрзæбул сты æмæ сæ кæрæттæ пъолыл тымбылтæй лæууынц. Йæ цæссыгтæ гæргæр кæнынц. Йæ тар хъуыдытæ, сау сынтытау, йæ цыбыр цардвæндагыл зилахар систой. > Чысыл чызг ма куы уыд, уæд куыд буц æмæ уар- зон уыд йæ хъæздыг ныййарджытæн! Йæ фыд Уасил- иу йæ халас сираг аласайыл бæлцуатæй æрцыд. Дуа- {Зæй-иу фæхъæр кодта: ■г- Гъей, уым уæ ничи ис уæдæ?! Кæд-иу се ’ххуырстытæй исчи хæдзары фæци, уæд-иу æм уый рагæпп ласта, кæннод та йæ къæсхуыр бæрзонд ус. Чифæнды сæ уыдаид, уæддæр-иу чысыл Уардис, > баба, бабагæнгæ, сæ фæрсты фæсенк кодта. > Мæнæ, гъе, Уасил йæ бæх æмæ йæ 4взистарæзт ехс рацæуæджы къухты фæсагъта. Йæ сыгъзæрингъуыз бухар худыл хæрдмæ фæхæцыд, йæ рихи адаудта æмæ йæ чысыл чызджы йæ хъæбысмæ фелвæста, æдзынæг æм бакаст: — Гъы, куыдтæ мын дæ, мæ рог зæрватыкк, мæ сау- ц,æст рæсугъд? А лæппу дын дæ усгурты удæй бæргæ^ схъаздзæн. Æмæ стæй мæ чызджы аргъ ирæд та кæмæ разындзæн, и? Дугъон æфсургъ, æстдæс стуры, сæдæ фысы, æрхуы аг, .бурдзых хъримаг, æмæ сæ чи фæуы- дзæн нымад, чи?! — <.Стæй йæ зæлдаг морæ куырæты дзыппæй армыдзаг къафеттæ фелвæста: ^ I —А, мæ чысыл хур,-— æмæ йæ æрæвæрдта. Йæ ус- мæ тарæрфыгæй ,'фæкаст: (%
— У, хуыскъ ефс! Æвæстаг ’мæ фæкодтай. Ей джй- ди,иу лæппу ма. Сагау сыкъатæ не суадзин. Ацу æмаё иунæг цъæх бындары номыл дæ бирæ ис... < ...Уардис арф ныуулæфыд æмæ .къулырдæм азылд* Йæ царды нывтæ дарддæр йæ цæсты раз згъорынц. Сæ хъæуы скъола бакодтой. Уардис æм иæуын райдыдта дæсаздзыдæй. Йæ дарæсмæ йын хæлæг кæнынц сæ къласы чызджытæ. Ахуыргæнæг сæ хæдзары вæййы алы бон дæр. Йæ уроктæ йын фæамоны сæ райдзаст уаты... Райдиан-скъола каст фæци хорз. Уыйг фæстаё йæ дыууæ сæрды иæттæ кæнынмæ радта йæ фыд. Сæ фыййау Бæбиимæ бонæй-бон хæлардæр кæны* Сусæгæй йын йæ хызыны хæринæгтæ æвæры, йæ цæс* тытæ ныйирд вæййынц, цалынмæ изæр сæрвæтæй фæ^- цæуы, уæдмæ. Йæ фыд æмæ йæ йæ млл хатынц. Уар^- дис иуахæмы лæппуйы сæрыл тызмæг сдзырдта. Уасил æй ацахста, йæ дзыккутæй йæ раласы дуармæ. Бæбщ æндзарæнæй йæ фысьшы сæр ныххафта, йæ Туг акалд æмæ лæг бауадзыг. Бæби йæ мызд дæр ныууагътаг афтæмæй фæлыгъд æмæхсæвæджы... ...Уардис бахауд техникуммæ, Стипенди йын нæ рад-- той, бонджыны чызг кæй уыд, уымæ гæсгæ, фæлæ цар- ди æмдзæрæндоны, Бокоты Ханджери дзы уыди иу къурс раздæр. Æдзух уыд Уардисы фæдыл æфтыд, фæлæ йæм уый касте уæнгæлы цæстæй. Уæдмæ æххуырстыты къурсытæм æрцыд Бæби. Чыз* гыл хур ракаст. Сæ раздæры уарзт ног тыхæй ныггуыпп кодта. Цас рæсугъд фæндтæ, цас зынгбарц бæллицтæ сыгъди дыууæ уарзоны зæрдæйы, фæлæ уыдон иууыл- дæр, мæнг фынтау, фæдæлдзæх сты æмæ Уардисæн а дунейыл ницыуал ис: нал дæр ныййарджытæ, нал дæр уарзт, нал дæр ахуыр. Баззад, хъæды халонау, иунæп Ныр дæр ма йæ хъусты зæлынц дыууæ къуырийы раз- дæр сæ техникумы, æххуырстыты æмæ сæ ахуыргæн- джыты карз, фыдæх раныхæстæ сæ иумиаг æмбырды..; — Цæмæ ’гæсгæ абоны онг не /хсæн > ахуыр кæньг 197
«съласон знаджы чызг Бураты Уардис?! Æви нæ ферох, #æ кулак фыд Уасилы топпы нæмыг нæ хуыздæр æм- бал Дзандоры зæрдæйы кæй ахызт, уый! — хъæр код- той дзурджытæ. — Кæд кулачы фырт Бокоты Ханджери ахст у, уæд Ш Уардис ам цы ми кæны? — хъуысти алырдыгæй. Дзырды бар райста фæскомцæдисы секретарь Бæби.,, )?ацыд трибунæмæ. Исдуг æнцад, æнæсыбырттæй лæу- уыд æлхынцъæрфыгæй. Бæрæгæй зынд, йæ бæрзонд ^гуыр фыртыхстæй куыд арф улæфыд, уый, стæй рай- дыдта: — Кæддæр нын нæ ахуыргæнæг, зæронд большевик, -партизан Æхсараты Тугъан афтæ загъта: „Кулæктимæ нæ фыд иумæ куы сфыца, уæддæр нæ бас не схæццæ уыдзæн\ Гъе, æмæ уый раст у. Хорз æй зонут, æрæ- джы комы нарæджы Советон хицауады минæвæртты раз куыд бабадтысты, фæскомцæдисы раздзог Дзандоры йæ бæхæй куыд расхъиуын кодтой, стæй мæнæ ныртæк- кæ цы Уардисыл дзурæм, уый дæр Ханджерийы нæмы- гæй кæй фæцæф, кæй фæкъуылых. — Ныууадз, ныууадз, — фæхъæр кодта, „сæйраг бат- рак" кæй хуыдтой, уыцы цыбыр хъæды лыггаджы хуы- зæн сау Мурту. — Уардис дæр разыбадджытимæ уыд. Ныр дæ уарзон у, уый тыххæй йын йæ разы зæлдæгтæ æмæ бæмбæджытæ ма тау. — Адæм схорхор кодтой. Æмбырды сæрдар Тугъан стъол æрхоста, басабырут, зæгъгæ, стæй оратормæ радзырдта: — Дæ ныхас дарддæр кæн! Бæби иу чысыл фæсыкк, фæлæ та райдыдта: — Ам чи кæй уарзон у, ууыл нæ дзурæм, Мурту, фæлæ уыцы тохы Уардис кæй фарс хæцыд, уымæй дæ цурыбадæг Дзанæгаты Гагийы бафæрс. Æз уый зæгъæг дæн æмæ къласон знаг Ханджери ахст у. Цы йæм æм- бæлы, уый уым базондзысты. Техникумы студент Бура- ты Уардис та уыцы тохы бон мах фарс кæй уыд, йæ- хæдæг дæр ма кулæкты къухæй кæй фæсахъатджын, уымæ гæсгæ йæ ныууадзæм æмæ ахуыр кæна. 4^8
- Фæсивæд та базмæлыдысты, Райхъуысти хъæртæ: — Уый гæнæн нæй! — Йæ фыды къæрæбины нæмыгæй... — Бирæгъæн йæ лæппын дæр —бирæгъ!.. — Фæтæрæм æй! Тугъан та сæ басабыр кодта æмæ загъта: — Æз дæр Бæбийы фæндоны фарс дæн. Фырт йæ фыды бæсты дзуапп нæ дæтты. Далæ стыр залы дæллаг кæронæй фестад Саутиты Сауи, йе стыр цæстытæ фæдзагъыр кодта: — Мæнмæ гæсгæ зæронд большевикæн не ’мбæлы къласон знаджы фарс хæцын. — Æвиппайды Гагийма^ кæрæдзимæ фæкастысты, сæ цæстæнгастæ, дзуарæвæрд- фæуæг æхсаргæрдтау, цæхæртæ акалдтой. Йæ къух сдардта Уардис æмæ йын æмбырды сæр- дар бар нæма радта, афтæмæй райдыдта: — Æз кулачы чызг кæй дæн, уымæй раст зæгъут. Фæлæ суанг мæхи æмбарынхъом куы фæдæн, уæдæй нырмæ мæнæн зæрдæйы уагæй мæ ныййарджытимæ иумæйаг кæй ницы уыдис, уый хорз зонынц нæ раз- дæры искæйуæттæ, мæнæ Бæби æмæ Гаги. — Гъе, гъе, рувасæн йæ къæдзил — йæ ’вдисæн! — фæхъæр кодта Мурту. — Хорз зонут, Комы нарæджы тохы дæр, мæ бон цы уыд, уый кæй баххуыс кодтон. Ныртæккæ уæ курын æрмæст иу хъуыддаг: бар мын радтут æмæ æххæст мæ ахуыр фæуон, стæй мæ куыст æмæ мæ архайдæй бæрæг уыдзæн ног цардыл ме ’нувыддзинад. — Къласон знаджы сау фæлывд æвзаг! — Нæ нæ фæ:айдзьшæ! — райхъуыст та хъæлæстæ. Уардис, судзгæ цæссыгты хуыдуг кæнгæйæ, йæ бынаты сбадт. Дзырды бар райста техникумы директор Лади. Алы хаттау, йæ сау галстук бадзæбæхтæ кодта йæ фæтæн риуыл. Йæ цъæх цæстытæ æмбырды адæмыл ахаста æмæ ныллæг, фæлæ бæзджын хъæлæсæй райдыдта: 199*
— Æмбæлттæ! Ахсæв бонмæ куы дзурæм, уæддæр афтæ нæ масты судзгæ фæттæ кæрæдзиуыл скъæрдзыс- тæм, фæлæ нын иу нысаныл не ’мбæлдзысгы. Ацы ха- барыл æз дæр бирæ сагъæс кæнын. Ома æрмæст ацы ’хсæв нæ, фæлæ, Комы нарæджы уыцы уæззау тох куьг ’рцыд, уæдæй нырмæ. Ныхас кодтон нæ разамонæг æм- бæлттæй кæимæдæрты. Изæрсарæй сымахмæ дæр хъусын. Гъе æмæ æрцыдтæн ахæм^хаццæгмæ: — Уардис кæд йæхæдæг комкоммæ ницы аххосджын у, уæддæр æгæр пассивон разынд. Йæ фыд разы бадын- мæ куы рааыд гæрзифтонгæй, уæд Уардис дæр сæ хæ- дзары уыд, фæлæ йæ нæ бакъуылымпы кодта, рагацау нæ фæфæдис. Уымæ гæсгæ ацухæрцæуæд техникумæй* Ханджерийы мæй раздæр ацух кодтам æмæ йæм дарддæр цы ’мбæлы, уый, ахст кæмæ ис, уыдон зондзысты. ...Гъе, æмæ Уардисæн ныр æппæт ацы дудгæбæттæ йæ зæрдыл æрлæууыдысты, йæ цæстыты раз згъорынц, йæхи ма цы фæкæна, уымæн ницы зоны. Уæлгоммæ æрзылд. Царм>æ йæ кæуынвæллад стыр цæстытæ ныц- цавта, тыхулæфт кæны. Йæ рæсугъд уадултæ ныф- фæлахс сты, æрфгуытæ тарæлхынцъæй лæууынц. Æрзылд йæ рахиз фарсыл. Фæкомкоммæ, æрдæбон пъолыл тымбылтæй кæй ныццавта, уыцы конвертмæ. Бирæ йæм фæкаст, стæй цадæггай сыстад, конверты уæлхъус лæууы дурдзавдау, йæ цæстытæ йæм ныццав- та. Æрæджиау æм æргуыбыр кодта æмæ, цыма калм сисынмæ хъавы, уыйауæм ризгæ къухæй нывнæлд- та. Йæ армытъæпæны йæ алæгъз кодта, стæй йын йæ хистæр æмæ амонæн æнгуылдзæй йæ хуылфмæ нывнæлд- та. Сласта дзы æмдымбыл, Бæбийæн йæхи хуызæн фи- дар, базыхъ хъæрнывтæй фыст тетрады сыф. Уардисæн йæ рахиз æрфыг йæ фæтæн урс ныхыл бæрзонд сзылд, зæрватыччы базырау, галиу æрфыг та йæхимидæг æрбацъæлтæ. Ногæй кæсын райдыдта (ныр цалæм хатт!) ацы æнæхаиры писмо. „Зынаргъ Уардис! 200
Ныр цыппæрæм бон архайын дæумæ ныффыссыныл. Фæлæ нæй! Мæ къух нæ тасы, мæ зæрдæ нæ комы. Зонын дын де стыр трагеди. Баххуыс дын мæ бон нæу. Уый нæ, фæлæ ма дын æЙ æз... ’ • Зоныс æй, æз фæскомцæдисон организацийы секретарь дæн, ды та къласон знаджы чызг. Ныр мæм иу цалдæр ранмæ фæсидтысты. Ома канд нæ директор нæ, фæлæ уымæй уæлдæр лæгтæ дæр. ...Æз æмæ ды хъуамæ абонæй фæстæмæ кæрæдзи ферох каенæм. Æндæр гæнæн нæй. Ды мæ, æвæццæгæн, тæппуд фæхондзынæ, науæд та зæгъдзынæ: „Мæнгард уыди... нæ мæ уарзта"... Дæ бар дæхи, хон мæ, куыд дæ фæнды, афтæ. Фæлæ дзы иу дæр раст нæу. Æрмæст æз сагъæс кæнын мæ зæ- ронд мад æмæ фыдыл, æмгæртты ’хсæк мæ намысыл, фæскомцæдисы раз мæ хæсыл... Нæ, æвæццæгæн, мæ нæ бамбардзынæ... Хорзæй баззай... Бæбиц. Уардисы зæрдæ ныррызтис. Гæххæтты сыф йæ армы - дзыхъхъы нылхъывга йе ’нгуылдзтæй, стæй сæ с’абыр- гай рараст кодта, писмо пъолмæ æрхауд тымбылтæй. Чызг ыл йæ къахæй æрлæууыд, стæй иннæрдæм разылд. Нымдзаст, къулыл цы фыдауыкдзæн. æфсæйнæгтæ уыд, уыдонмæ. Бандон систа æмæ сын æй сæ бынмæ * бахаста. Йæ зæлдаг кæлмæрзæн райста. Фыццаг ыл йæ дыууæ къухæй фæйнæрдæм ахæцыд, стæй йæ сыздых- та æмæ йын йæ иу кæрон æфсæйнаджы сиукыл æрфи- дар кодта, йе ’ннæ йын, цасм æлхынцъау, æрбавæрдта. Слæууыд бандоныл, стæй йæ йæ къахæй фесхуыста. Райхъуыст ма иу æнуд цъæхахст... 201
4. М^ердтæ дæр растиккой Адæмы фарнæй къæдзæх дæр нынвæры! Къоста. Сæрды тæмæн. Хур йæ сырх цъиахы къæхтæй дæ- лæмæ-дæлæмæ, кæмтты нарджытæм æрцæуы. Стыр Леуахи знон изæрмæ цы ныккодта дуртæ фæлдахын æмæ бæзджын гыбар-гыбурæй! Хур ахъаззаг куы æрын- давы, уæд æнусон цъититæ æмæ зæйты бындзæфхæд- тæ тайынмæ фæвæййынц. Леуахи сахатæй-сахатмæ тых- джындæр, мæстыгæрдæр райдайы. Уайтагъд йæ урсбарц уырдыг слæууы. Тæссаг, цæф сырдау, йæ комы фынк калы, йæ фæрстæм лæбуры йæ урс ссыртæй. Гъе, стæй цадæггай æрлæмæгъ вæййы, йæ хъæлæс — фæсус. Боны цъæхтæм бынтон — чырыстон. Раст ахæм райсом сæ куысты сæр æрлæууыдысты Бæби æмæ Гаги. Сæ сæрды улæфты рæстæджы кусынц ам фæндагарæзтады. Фыццаг дыууæ къуырийы бел æмæ д^жиркъайæ архайдтой. Ныр та айнæг къæдзæхы риумæ нывнæлдтой уæззау бæлто æмæ æндон бурæй. Бæби æрбадт, бакодта кæттаг æрмкъухтæ. Цыбыр- гомау тъæпæнфындз ломы бырынкъ æрæвæрдта къæ- дзæхы лæнкауы, хæцы йыл йæ дыууæ къухæй æмæ Гагимæ хæрдмæ скаст: — Цæй, райдай, æви нырма фынæй дæ, гъе та æм- дзæвгæ мысыс? Гаги йæм ницы сдзырдта. Æдзынæг кæсы, сæ аком- коммæ дæлвæндаг æнкъард æмæ пыхцылсæрæй цы æрыгон бæрз лæууы, уымæ. Знон къæдзæх куы спырх кодтой, йе схъистæ хæрдмæ куы фæхаудтой, уæд дзы бæрзы уæздан, урс зæнгыл сæмбæлд иу дыргъ къæйы фарк. Карды цъыккау æй ахауын кодта йе ’мбисмæ. Йæ хихтæ дæр æрцъæлтæ сты. Гъе, æмæ уæдæй нырмæ йæ цæфæй йæ цæссыг 202
згъоры йе ’всист буарыл. Йæ хъуымбыл дзыккутæ йæ сæрыл æмхæццæйæ æрзæбултæ сты. • — Кæс-ма, дæлæ, кæс, — ацамыдта Гаги бæласмæ, — мæгуыр Уардисыл дæр’комы нарæджы топпы нæмыг куы сæмбæлд, уæд афтæ не ’ркалдысты йæ сау дзык- кутæ, афтæ нæ куыдта, йæ цæфтыл хæцгæ... Бæби æнæдзургæйæ сыстад, бацыд бæрзмæ. Йæ цæф ын йæ урс фындзмæрзæнæй æртыхта. Фæстæмæ æр- баздæхт æмæ та ломыл ныххæцыд æмæ йе ’мбалмæ йæ цæстытæ азылдта. Гаги систа зæххæй йæ уæззау бæлто æмæ йæ уыцы иугъæдон ритмæй зулаив бæрзæндты æрзилы æмæ та ломы счъил сæрæк — дзæхст. Бæби лом йе ’ртты æмдым- был зилы æмæ зилы. Цъæхдарæсджын арф ком райхъал, хъуысы бурæ- гæнджыты æфсæйнаджы зæлланг, бел æмæ хуырты хы- бар-хыбур, джиркъайы хъæр. Хуры фыццаг тынты сæмбæлдмæ мæргътæ иууыл æрдхæрæн фесты. Сыфтæрджын хъæд фестад сæдæ- мырон фæндыр. Урс, бур æмæ цъæх дидинджыты уæз- дан къусджытæй рæсуг æртæхы цæппузыртæ тæмæнтæ калынц налхъуыт-налмасы æртæхтау. Леуахийæн та цадæггай йæ лæмæгъ хæцъæфтæ нæр- сын райдыдтой. Йæ унæр тынгæй-тынгдæр зæлы хъусты. Гаги бафæллад. Йæ бæлто æрæвæрдта. Йе ’рмкъух раласта æмæ йæ армытъæпæнмæ æркаст: — Мæнæ мæ къухы зæронд тæппæлттæ куыд ныд- дур сты! — Куы ныздæхæм ахуырмæ, уæд ма Нинæйы фæл- мæн къухыл куыд ныххæцдзынæ, — къæдзæхы хуын- къæй хуылыдз рыг тъæпæнбырынкъ къæцæлæй калгæ- -йæ, загъта Бæби æмæ арф ныуулæфыд. Уардисы мард ауындзæнæй куы райстой, уæдæй ныр- мæ Бæби йæ дзыхыдзаг никуыуал фæхудт. Æдзух у æнкъард, æлхынцъæрфыг. Изæр куыстæй куы ацæ- уынц, уæд къæбæр бахæры æмæ халагъудгæрон нæу- 203
уыл дæлгоммæ ныффæлдæхы. Æцæг, æрагæйнырмæ стæм хатт йæ цæстыты цыдæр ныфсы стъæлфæнтæ ферттивы. Гагимæ дæр цыма йæ ахаст фендæргъуызон, уæлдай æфсæрмытæ дзы райдыдта. Цæвиттон, ибон сабаты изæрæй йæ Гаги акодта сæ хæдзармæ. Асæго æмæ Асинет тынг бацин кодтой сæ хъæбулы хæларыл. Иууыл уынгæджы та йæ фæкодта Гагийы хæйрæг хо къæйных Зæрæда. / Изæры сын фынг æрæвæрдтой: цæрвджын, лæппæг уæлибыхтæ æмæ хуры цалхы хуызæн хъайлайы тæбæгъ. Зæрæда сæ разы уырдыг æрлæууыд. Рæгъ Бæбимæ æрхæццæ. Уый æфсæрмдзæстæй цалдæр ныхасы загъта, стæй сыкъа йæ дзыхыл сдардта, фæлæ æвиппайды ферхæцыд, хуыфæгæм фæмидæг. Зæрæда йæ авг фын- гыл авæрдта. Къуыммæ бауад æмæ урс кружкæйыдзаг æхсыр радавта: — Гъа-ма,. уазæг лæппу. Ды хъуамæ нырма æхсыр нуазай. Сыкъа ардæм æрис æмæ йæ дæ бæсты æз...~ æмæ дзаггарз систа. — Æ, фыдныхы дзуар фæхæссай,— авг ын йæ къу- х’æй аскъæфт;а Асинет,.—кæд кæйдæр лæппуйы цæмæн къæмдзæстыг кæныс! Чызг зæллангхъæлæсæй ныххудт æмæ федтæдуар. Сæ мидбылты бахудтысты иннæтæ дæр. Уазæг ныф- сæрмы. Æхсыры кружкæ фынгыл æрæвæрдта. Йæ сæ- рыл уæлæмæ схæцын нал уæндыд, йæ хъуыры къæбæр нал хызтис. Фæсахсæвæрты Зæрæда тæгæнайы дон æрбахаста. Йæ фыды къæхтæ ныхсадта, дон акалдта æмæ тæгæна фæстæмæ сыгъдæг донимæ æрбахаста. Æрæвæрдта йæ уазæджы цур. Фæлæ Бæби нæ разы кæны. Мæхæдæг сæ ныхсдзынæн, зæгъгæ. Зæрæда айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ йын йæ зæнджы нарæгыл фæхæцыд æмæ йын йæ къах тæгæна- йы ^ертъыста. Исдугмæ йын æй дзæбæх æууæрды йæ даргъ æнгуылдзтæй; Фæци æхсад уьщы къах, стæй 204
йын’ йæ иннæ къахы дæлфад æвиппайды ахъыдзы код- та. Лæппу’ йæ къах сæнт скъæфт акодта, тæгæнайы былыл аныдзæвд æмæ дон акалд. — Дæ хорзæхæй, уазæг, исчи дын цæфхæдтæ са- дзы, æви цы зæвæтдзæгъдæн кæныс, — ныххудти та чызг æмæ æд тæгæна федтæдуар. ...Раст уыцы æхсæвæй фæстæмæ Бæби йæ хæлар Гагимæ цыдæр æндæр ахаст дары. Цыдæр сагъæсты аныгъуылы. Знон та йæ афарста: — Гаги, дæ хо хъæууон скъола фæци? , — О, фæци а зымæджы. — Æмæ дарддæр кæм ахуыр кæндзæн? — Бæрæг нæу. Стæй йæ нæ фыд уадзгæ дæр нæ кæны. Куы йæ ауадза, уæддæр кæдæм бахаудзæн. Уы- рыссагау ницы æмбары. —- Æниу æз æмæ ды тынг æмбарæм? — Зæрæдайы горæтмае ракæн, уый’ йедтæмæ уый тыхæй дæр бабырсдзæн ахуырмæ... Гаги йæ уæхсчытæ хæрдмæ дызæрдыджы æппæрст фæкодта. Йæ мид-зæрдæйы ахъуыды кодта: „мæ хæй- -рæг хойы ма бауарза?. Æгæр хынцфæрстытæ кæны. Уæвгæ, æвзæр сиахс нæ уаид: хъаруджын, хæларзæр- дæ"... Фæлæ уайтагъд йæ зæрдыл * æрлæууыд, Бæби йын а уалдзæджы цы загъта, уый: -— Нæ, Уардйсы фæстæ мæн дунейыл иу чызг дæр нал хъæуы... Æз ын йæ рухс ном хъуамæ сыгъдæгæй дарон. ... Хъуысы та бæлтойы ритмикон цæф. Ныр бурыл хæцы Гаги. Ацы фæстаг хуынкъ ма æмæ уал стæй сæ ^абоны куыст фæуд кæны. Уалынмæ райхъуыст Гагийы дзурын: - — О, о! Æгъгъæд, арфдæр æй нал хъæуы! Бæби йæ бæлто æрæвæрдта: —- Арф бурæ Ручъы хæххон туннел райдайæн бон кодтой. Лом-иу суанг йæ хъуырмæ ныскъæрдтой къæ- дзæхы. 205
— Æмæ уæд ды уым цы арæзтай?-^-афарста йæ Гаги. — Гъы, цы арæзтон! Æз нæ, æгас Ирыстон уым уы- дысты. Ручъы фæзы адæмæй къухбакæнæн нал уыд. Номы куывд дзы куы скодта инженер Рутен. Цалдæр цæджджинаджы дзы бæгæны бахсыстой, цалдæр галтæ æмæ тохъыл. фырытæ аргæвстой. — Нæ, æвæццæгæн, Ручъы хохы бын рухс ауадздзæн Рутен, — загъта Гаги æмæ. сыстад. — Иу æмдзæвгæ ма йыл ныффысс. — Кæуыл, Рутеныл? — О! — йæ еæр батылдта Бæби. — Рутеныл нæма, фæлæ мæнæ фæндагыл цыдæр хъулæттæ кæнын. — Бакæс-ма йæ. — Æмæ нырма фæуд нæу. — Цы дзы фæдæ, уый. ^ — Хорз! Иры фæсивæд — æмцахъхъæн, Цомут, айгæрдæм |фæндаг. г ; Рнзынц къæдзæхтæ нæ цæлхъæй, Фестæм дунейæн æрдаг. ; Мах æхсындзыстæм дæндагæй Айнæг туннелы фæрстæ. Уадз згъора дзы сырх уадæг, Иу дæр ма ’рлæууæд фæстæ! > Бæби йæм гæзæмæ мидбылхудгæ бакаст: — Ницы йын у,_фæлæ дзы „æмцахъхъæн" та цы ,, давы? Науæд дæндагæй цæмæн æхсындзыстæм туннелы фæрстæ? — Зæххардыстæн, кæд ды æмдзæвгæйæн исты. æмба- рыс! „Æмцахъхъæн" хъæуы рифмæйæн — „нæ цæлхъæй." „Дæндагæй" та уый нысан кæны, ома афтæ зæрдейæ стæм фæндаг аразыныл æмæ йæ дæндагæй дæр бахсын- 206
дзыстæм. Стæй дын куы загътон, нырма мын кæрон- мæ фыст нæу, — цыдæр азымыдарæджы хъæлæсы уагæй сдзырдта Гаги æмæ бурæгæнæн лом йе уæхскмæ. систа. — Уый раст зæгъыс, дæндагæй бахсыниккам, Ирыс- тоны бæстастæу цы дурзæрдæ хохныхъхъил, уый. Раст йæ сæрыл слæу æмæ ныхъхъæр кæн: — Ой, дыууæ Иры æхсæн туннел кæнæм æмæ раф- сæрут. Уæд хохы Дæргъæвсæй суанг Гудзаретгоммæ удæгæстæ нæ, фæлæ мæрдтæ дæррастиккой, мæрдтæ,— загъта Бæби æмæ арф сагъæсы аныгъуылд. Гаги йæ сæр разыйы тылд бакодта. 5. Æгомыг фос дзурын нæ зоны У,æд фос куыд уарзта, Фæсал сын ласта Иæ салд æрчъийæ. Къоста. Августы мæй. Гаги æмæ Бæби фæндаджы куыстæй сæ мызд райстой æмæ араст сты сæ хæдзæрттæм. Рæх- джы ног ахуыры аз райдайдзæн. Сæ дзыппы æхца, аф- тæмæй сыл сæмбæлдзæн. Уый хорз куыннæ у! Алчи дæр сæ йæ фæндагыл аздæхт. Æризæрырдæм, афтæ Гаги бахызт сæ комы нарæг- вæндагмæ. Хъуыдытæ кæны йæхицæн: йе ’хцайæн се ’рдæг сæ бинонтæн ныууадздзæн, иннæтæ горæтмæ йемæ ахæсдзæн. Техникумы тæккæ цур цы дзуттаг дзабырхуыйæг ис, уый йын бахуыйдзæн хром цырыхъ- хъытæ, ахуыргæнæг Тугъаны уæтты хуызæн. Сахат самал кæнынмæ дæр бæргæ рагæй бæллы, фæлæ йе *хца уыйбæрц сфаг уыдзысты? Кæмдæр йæ цæсты раз февзæрд зæриндзыкку Ни- 207
нæ дæр. Нырма йын никуы ницы фæци, дидинджытæ-иу ын цы ’рхаста, уый йедтæмæ. Ныр-иу киномæ билеттæ уæддæр балхæндзæн, науæд алы хатт чызг йæхæдæг фелхæны. Ахæм сагъæстæ куыд кодта, афтæ йæ хъустыл ауад бæхы къæхты хъæр, донбыл хуырджын фæндагыл цæф- хæдты къыбар-къыбур. Цæхгæр фæкаст фæстæмæ æмæ дæлæ сæ сырх бæх, хуыррыттытæгæнгæ, æрбацæуы. Йæ уæлæ Асæго, йæ фæсарц чидæр бады. Гаги сæм æрлæууыд. Йæ цурмæ куы ’рбахæццæ сты, уæд бар- . джытæ бæхæй æргæппытæ кодтой. Асæго та йæ сау цуркбоцъойыл йæ дæрзæг арм æрхаста æмæ йæ фыртмæ дзуры: — Нал зоныс ацы лæггаджы? —амоны йын йæ фарс- мæлæууæгфæтæнтæарæзт лæппумæ. Гаги йæм æдзынæг кæсы. Уый йæ тæнæг сау рихи- ты бын фæлмæн мидбылты худы æмæ йæ урс-урсид дæн- дæгтæ бæрæгæй фæзындысты. — О, о, фæлæу, фæлæу. Гагнидзе Гиви куы у, нæ натлиайы лæппу, —- сдзырдта Гаги æмæ Гивийыл атыхст, стæй йын йæ нымæтхудмæ февнæлдта: — Ай хъуырдзæуæны хуызæн цы ныцъцупп! Кæд уæм худы къуыдыр нæй, уæд æй хуылыдзæй дæ сæ- рыл уæддæр æривæзтаис— Стæй йæ фыдмæ бакаст æмæ йæ афарста: — Фæлæу-ма, æмæ афтæ куы дзырдтай, зæгъгæ, нæ натлиатæ Къахетмæ алыгъдысты? — О, æмæ цы? Гиви дæр Къахетæй æрцыди нæ уы- нæг. Радт ын йæ худ. Уый йын, иу аз, ды ахуырмæ куы цыдтæ, уæд мах кæй ныххастам, уыцы нымæтхуд у. — О, ды кæрдойы ’фсон къакъалийы цъенго ку ба- хордтай, — сдзырдта Гиви худгæйæ æмæ йæ худ йæ сæрыл æрывæз^га, фæлæ йæ сау бецыччы кæрон уæддæр зынди. Араст сты æртæ бæлццоны. Гаги бæх сæ фæстæ идадзæй ласы. 208
--Æмæ, баба, Гивийыл ды кæм фембæлдтæ? — Цæхх æлхæнынмæ ацыдтæн æмæ мыл горæты хи- дыхъус хæрхæмбæл^ фæци. Кæмдæр Алазаны дæлвæз æрцардысты нæ натлиатæ æмæ цардаей акъæртт сты. Цæуынц дарддæр. Стæм хатт бæхы сæртæг хуыр- рытт фæиу вæййы хæххон цæугæдоны нæрынимæ. Сы- здæхтысты цæгатварс сæрвæты. Уæлæ сæ фæндаджьг рахиз фарс хизынц колхозы хъом. Изæры ирдгæмае зы- дæй мерс кæнынц цъаех кæрдæг. Дыгай, æртыгай, кæ- нæ иугай стуртæ пырхытæ-пырхытæй хизынц, сæ сæртæ нæууæй нал исынц. Рæстæгæй-рæстæгмæ сыл кæд зыд хъæстарджытæ абадынц, сæ цыргъ фæттæ сæ фæцæ- вынц, уæд сæ даргъ цъылынкæрон дымджытæ фæхъил кæнынц æмæ сæ уымæй æрбацъыкк ласынц. Кæд сыл бындз разырдыгæй абады, уæд та сæ бæрзæй фæкъæ- лæт вæййы, фæфутт кæнынц æмæ афтæмæй асурынц сæ тугцъирджыты. Хур хъазы се ’рттиваг рæсугъд хъуынтыл. Схæццæ сты рæгъауы цурмæ. Асæго цæхгæр фæ- лæууыд. Къухаууонæй бакаст йæ бакомкоммæ, стæй фæлмæн, рæвдауаен хъæлæсæй бадзырдта: — Цъæхой, о, Цъæхой, дæ рынтæ ахæрон! Иунæгæй цы цъæх гал уыд, уый йæ хизын фæуагъ- та, ракасти бæлццæттæм æмæ бæзджын му-у-у нык- кодта. Æнæхъæн бинонтæй дæр бирæ уарзтой сæ иунæг галы. Асæго-иу арæх хыл кодта йе_. *фсинмæ: „Æгас бинонтæй Цъæхойы. æфцæджы ауыгъд1 стæм æмæ йæм дзæбæхдæр зилут. Мæгуыр лæгæн хъуджы æхсырæй галы ’хсыр хуыздæр уи... Сæ сыхаг лæджимæ цæдис уыдысты. Сæ дыууæ дæр хорз зыддысты сæ галтæм æмæ-иу уалдзæг уайтагъд сæ чысыл хуымы гæппæлтæ хъæубæстæй раздæр конд фесты. Цъæхойы колхозмæ куы лæвæрдтой, уæд бинонтæн стырæй, чысылæй сæ цæсты бын нал сур кодта. Гъе, æмæ йæм ныр дæр, фадат уæвгæйæ, фæкæсынц куы 14* 209
холлагæй, куы цæххæй, куы та армы хæлар æрсæрф- тæй. Асæго рифтæгты цæсты йæ къух ауагъта, систа дзы чысыл цæххы къæртт æмæ барастис галмæ. Иæ фæтæн ных ын йæ армытъæпæнæй æрдаудта, стæй йын цæхх йæ разы нæууыл æрæвæрдта, Гал æй <йæ ардуан дæрзæг æвзагæй æхсызгон æрбасæрфы. — Астæр, астæр, Цъæхой. Æдзух мæ зæрдæ демæ фзрдзуры. . Иууырдыг , та дын не скодта уыцы æвзæр Басыл, — дзуры Асæго, галы бæрзæйыл йæ цонг æртыхта,, афтæмæй. Лæппутæ йæм кæсынц. Бæх фæндаггæрон кæрдæджытæ стон-стон кæны йæ замш былтæй. — Баба, цæй цом! Мæнæ Гиви, æвæццæгæн, сæххор- маг, — бæхы.идоныл хæцгæ бадзырдта Гаги. — Хорз, хорз, уæ рыытæ ахæрон, — фæкодта лæг. Йæ галмæ æввахс цы дыууæ стуры хызт, уыдон фал- дæр аздæхта. Фæстæмæ раздæхт. Цъæхойы ных ма иу сæрфт æркодта: — Стæр, æвзæр, стæр, хæлар дын уæд,— бацыд йе ’мбæлттæм. Араст сты. Чысыл куы ауадысты, уæд Гаги афарста: — Баба, а уалдзæджы сæрдаримæ та цæуыл фæхыл дæ? — Басылимæ? — О, о! Суанг ма йæ Тугъан дæр Чъребамæ фе- хъуыста. Асæго истуг ницы сдзырдта. Стæй, мæстыйæ куыд фæкæны, афтæ йæ боцъо армыдзагæй æртонæг!ау код- та æмæ райдыдта: — Цæуыл дæ зæрде! Йæ хæдзаргæрон зæхх хуым кодта йæхи гал æмæ Цъæхойæ. Изæрырдæм уагуадзын афон æз хъæдæй æрбацыдтæн, уисты куырис ме уæхскылг афтæмæй. Хъæугæрон чысыл æрдузы — дыууæ галы-— Цъæхой æмæ Басылы Къобор. . Кæсын æмæ Къобор хъæлдзæг футтытæгæнгæ хизы зыдæй, фæлæ Цъæхой æнцад лæууы æнкъардæй. Цыма йæ найгæ ныччынд, уы- 210
йау йæ хидхуылыдз хъуын кæрæдзийыл ныууад, нынны- мæт. Арф улæфы. Мæн куы федта, уæд мæм йе стыр донæйдзаг цæстытæ æрбазылдта. Мæ зæрдæйы тугтæ ныттагъдысты. Уайтагъд базыдтон, ацы. галæн абон цыдæр фыдбылыз счындæуыд. Æгомыг фос дзурын нæ зоны, æндæра мын, æвæццæгæн, кæугæйæ, фæдзырдтаид йæ судзгæ маст. Бацыдтæн хуымы кæрон гутоны цурмæ. Кæсын æф- сондзмæ æмæ йæ иу хъусы тæбынгтæ бынтон рæбынæй сагъд, иннæйы та—кæронæй. Цы базонын ма мын æй хъуыд, мæ галæн та мын иууырдыг скодтой, æнæхъæн бон изæрмæ гутон Цъæхой фæласта. Мæстæй ссыгъд- тæн. Мæ бæрз уисты куырисæй иу раластон.-Басылы сæ кæрты дзоныгъы къах аразгæ баййæфтон. Байриай дæр ын нæ загътон, афтæмæй йæ цæхгæр афарстон; — Абондæргъы галы цæмæн амардтай? Иууырдыг та йын цæмæн скодтай, æвзæр сыстзæнгой?! — Уый дæ хъуыддаг нæу! Галтæ колхозы сты, æз та сæрдар дæн æмæ мæ куыд фæнды... — йæ дзырд æххæст нал фæцис, афтæ æз мæ мидбынаты фесхъиуд- тон. — Æтт, цъаммар! — æмæ лæджы сæрæн уисæй хæфт- хæфт. Уый галы богъ фæкодта æмæ йæ русыл йæ къух авæрдта. Сыхæгтæ æрбакалдысты, баиргъæвтой нæ, — фæци йæ ныхас Асæго æмæ хъæууынгты бараст сты. 6. Хъæбæрсæрст Сыл домбай дæр у домбай. Ш. Руставели. Сыгъзæрин, сырхбецыкк фæззæг йæ тæккæ тæмæ- ны бацыд. Чъребайы горæты дзаджджын дыргъдæтты бур, сæлæф кæрдотæ зæузæу кæнынц, комы дæттæ сæм уайынц. Сауцæст сæнæфсиры цупæлттæ цæстæн- 211
гас сæхимæ скъæфынц. Хицæн сæндæтты урс сæнæф- сиры стыр гагаты хуры тынтæ рухс кæнынц, янтары . æрттиваг фæрдгуытау. ; . Гаги æмæ Бæби ныр дыууæ мæйы бæрц ахуыры аныгъуылдысты. Оæ сæрды куыстмыздæй дзæбæх сфæ- лыстой сæхи. Уæлдай буц сты се’сгæллад галифе хæ- лæфтæ æмæ’ сæ тъæпæнбырынкъ хром цырыхъхъытæй. Рыг абадын сыл нæ уадзынц, сатæг-сау сæрак хъустæ, авгау, æрттивынц. Ацы хуыцаубон сæ уæлдай тынгдæр ныссæрфтой. Уыдзæн горæты фæсивæды спартакиадæ. Адæм иууыл уынгты уыдзысты. Хур куыддæр дзæбæх æрбакасти, афтæ рараст сты дыууæ лæппуйы. Хæрхæмбæлд сыл фесты Асæго æмæ Зæрæда. Асæго Бæбийы къух райста, фæлæ Гагимæ æрмæст иу тызмæг цæстæнгас баппæрста æмæ уынгмæ кæсæг йæхи скодта. Чызг аивæй йе ’фсымæрмæ^ йæ цæст хин ныкъуылд фæкодта, фæлæ йæ Бæби дæр ауыдта, уый куы базыдта, уæд йæ рæсугъд дæргъ- дзæсгом асырх, йæ лыстæг, бур æрфгуытæ æрбацъæл- тæ сты. Цæвиттон, Зæрæда райдиан скъола "каст куы фæци, уæд йæхи цæттæ кодта гораёты медтехникуммæ бацæ- ■уынмæ, фæлæ йæ нæ уагътой йæ ныййарджытæ., Алы хатт-иу ын йæ фæнд цæхгæр фæлыг кодтой: — Алæ, æнæнтыст! Гагийы фæхъхъау фæу, кæд нын уый нырма студентæй нæ агæпп ласта! Уый сахуыр кæнынæн нæ бон исты куы бауид! Ды чызг дæ. Чиныг базыдтай æмæ дын æгъгъæд у, — дзырдта-иу Асинет. Ахæм заманы-иу Зæрæда йæ мидбынат, нартхоры цæкуыйау, хæрдмæ фесхъиудта, йæ къæхтæ-иу сцагъта: — Нæгъы-нæгъы, æз ам нæ ныллæудзынæн, уæ уд куы схауа, уæддæр. Гагимæ фыста, лæгъзтæ йын кодта, цæмæй йæ уый горæтмæ акæна. Лæппу йын рагæй ныфс æвæрдта, фæлæ йæ куыд ракодтаид йæ ныййарджыты æвастæй, уымæн ницы бæлвырд амал ардта. 212
Ныр ацы аз~ Гаги æмæ сæ натлиа Гагнидзейы лæппу Гиви ахуыры азы райдианы хохæй куы- рафæндараст сты, уæд Зæрæда комы ’дымæджы бадти саа- разы. Йæ къухы—йæ фыды арæзт чысыл хъæдын чемодан. Лæппутæ йæ цуры куы æрлæууыдысты, уæд сæм уый æнцад, йæ мндбылты худгæ кæсы. Гивийыл уыдис дзыхъхъынног, тæнæгæууæрст тин- тычъи нымæтхуд. Ихуазал цъитидæтты уддзæф-иу хæрз чысыл дæр куы ’рбаулæфыд, уæд æй фесчъил-фесчъил систа. Йæ уадултæ туг æмæ æхсыры хуызæн хъазы- дысты митхъæпæн худы фæччийы бын. Йæ рихи фæ- бæзджындæр, йæ мил бæрæгдæрæй разынд. — Цы ми кæныс ам? Кæдæм цæуыс? — тызмæг, фæ- лæ худæджы хал кæм зынд, ахæм хъæлæсыуагæй афарс- та Гаги’ йæ хойы. — Сымах кæдæм цæут, уырдæм, — мæстыхуызæй фæ- лыг кодта чызг. Гаги бакаст Гивимæ, ома цы бачындæуа? — Æмæ йæ цæуылнæ уадзут? Уæдæ йæ æз Къахет- мæ акæндзынæн. Махмæ ис стыр скъола, — загъта Гиви. — Æмæ дæ хæдзары куы агурой? — йæ мидбылхудт æмбæхсгæйæ, загт>та Гаги. — Сыхæгты чызг мæ зоны, — йе ’рфгуытæ фæтынг кодта Зæрæда. — Цæй, цом, гъа, — сдзырдта Гиви æмæ Зæрæдайы чемодан райста, æмæ араст сты. ...Медтехникуммæ ма фæстаг экзамен истой, афтæ бацыдысты директоры уатмæ Гаги æмæ йæ хо. Æр- кой йын кодтой се ’рцыды сæр. — Ныры онг кæм фынæй кодтай, чызг? Ныр экзамен- тæ фæуд кæнынц. Ды та дæ документтæ дæр нæма рад- тай. Афардæг у æмæ фидæнмæ бацæттæ кæн дæхи. - 3(æрæда ницы сдзырдта, афтæмæй бандоныл мæсты бадт æркодта. Лæг æм фæкомкоммæ: —-Чызг, иронау не ’мбарыс, цæмæ ма æрбадтæ? 213
— Нæ, æз ардыгæй нал æцæудзынæн. Кæд мæ ахуырмæ нæ айсат, уæд та мæнæ пъолтæсæрфæгæй ныллæудзынæн. — Ныууадз, ныууадз! Чысыл фæстæдæр та зæгъдзы- нæ: мæхи доны баппардзынæн. Æз ахæм хивæнд, къæй- ных чызджытæ бирæ федтон, — тызмæгæй загъта ди-( ректор. — Гъым! Доны? Ма тæрс, æз ахæм æдылы нæ дæн. Мæхи марынмæ нæ ралыгътæн, — йæ маст йæ хъуыры абадт. Директор Гагимæ бакаст: , — Лидзгæ? / — О, лидзгæ. Йæ ныййарджытæ йæ нæ уагътой æмæ сусæгæй сæумæцъæхæй раныкъуылдта. Директор, сусæгмидбылхудгæйæ, йæ сæр банкъуыс- та, иннæрдæм азылд, цалдæр къахдзæфы акодта, стæй та раздæхг: — Нæ, фæлæ, æвæццæгæн, тынг хъæбæр сæрст дæ, сурæй чи дасы, ахæм. — Уый дæумæ нæ хауы, сурæй æви хуылыдзæй. Стæй-иу мæ дæ лæппуйæн дæр ма ракур. Фæлæ мæн ахуыр фæнды, ахуыр, бамбæрстай! Директор сыстад. Дыууæрдæм та арацу-бацу кодта: — Æмæ, зæгъæм, бахаудтæ ахуырмæ, уæд цæргæ та кæм кæндзынæ? Зæрæда фестад: — Кæм кæ, сымахмæ, уæ хæдзары. Лæг ныппыррыкк кодта æмæ йæ секретарь чызгмæ фæдзырдта: — Дæ . хорзæхæй, ацы чызгæн ахуыргæнджытæм ныффысс, цæмæй дзы. экзаментæ райсой. Кæд дзы фер- вæзин. . — Афтæ тагъд-мæ нæ фервæздзынæ, — мæсты-мид- былхудт бакодта Зæрæда æмæ секретарь. чызджы фæ- дь!л рахызт. ...Гъе, аемæ .ныр Зæрæдамæ дыууæ мæйы фæстæ 214
йæ фыд æрцыд. Ракодта йæ æмдзæрæндонæй. Йæ чыз- джы ахаст зыдта æмæ йæм хылыл не схæцыд. Фæлæ йæ бæстон фæфарста: .экзаментæ куыд радта, куыд цæуы йæ ахуыр. Ныббуц дзы ис, фæлæ Гагимæ мæсты у, сусæгæй йæкæй ракодта хъæуæй, уый тыххæй. Уалынмæ адæм схъæлæба кодтой: — Æрбадугъ кæнынц, æрбадугъ! Иууылдæр уынгмæ иымдзаст сты. Цалдæр чызджы, сæ цæнгтæ рæмбынкъæдзтæй æдтæмæ сæ риутæм ныл- хъывтой, афтæмæй сыгъзорынц. Сæ иу разæй кæны. Ис ыл æнæдыс урс майкæ æмæ хæрз цыбыр трусик, фæлмæн дзабыртæ. Йæ къуыбыр риуты фæрсты дыууæ- рдæм кæнынцйæурс базырты хуызæн цæнгтæ. Йæ джигг ныуагъды хуызæн урс-урсид зæнгтæ, цыма зæххыл нæ хæцынц, уыйау уæлдæфы радгай фæзыи-фæзын систой. — Æй, дæ мард фесæфа ацы, чызг, кæд маргъ нæ дæ?! — йæ сау уæлдзарм худыл хæрдмæ фæхæцгæйæ, ныддис кодта Асæго, — домбайы лæппын нæу уый! Зæрæда йæ фыдмæ скаст худæндзастæй. — Баба, æмæ чи у, уый зоныс? — Стæй йæ хъæлæс фæныллæг кодта æмæ йæм хæрз æввахс балæууыд: — Нæ чындзаг у, нæ чындзаг. Гаги йæ хомæ йæ тымбыл къух февзыста, йæ дæн- дæгтæ фæхъыррыст кодтой. Лæджы, цыма, исчи рæхойгæ фæкодта, уыйау фес- хъиудта. Йæ сау хъамайы сæрыл йæ къух андæгъди: —- Цы, цы?! Уыцы бæгънæг къахбай! — Йæ цæсты- тæ, арвæрттывдау, цæхæртæ акалдтой... — Лæппу, ирон дон баназын дæ нал фæнды, — загъ- та Асæго æмæ йæ хъамайы фистон уырдыгмæ мæсты схуыст ныккодта... 215
7. Фæндыр къахкъухтæм хъардта Куырдтаты хид тæбьшæй, — Цола хъазты фæбынæй. Адæмон зарæгæй- Æрæгвæззæг. Æрталынг. Бестæ ныггомыг, ныхъхъус. Мадзура сабырад йæ фæлмæн сау’ базыртæй нымбæрз та Леуахигом. Æрфынæй сты тымбыл уырдуртæ, тыччы æмдымбыл дзæнхъатæ. Фурд ныччысыл, байсысти. Цы- ма хуыссæгхъæлдзæг у, уыйау йæ сым, йæ .унæр нал хъуысы, æрмæст ма рæстæгæй-рæстæгмæ иу тæрку- лæфт скæны, йе дых цæллахъхъ райхъуысы. Уæдмæ кæмттæм æрхæццæ, йæ хъæпæнурс дæндæг- тæй худгæ, мæйрухс. Мæйы тыны хуызæн урс зæлдаг къабайы донбыл хæрисы бынæй ра’хызт Нинæ, йæ фæс- тæ, цыма адджын фынты .ныгъуылд, æрдзæн райхъалæГг тарсти, уыйау цыбыр, фæлмæн къахдзæфтæгæнгæ рацыд Гаги. Бæрзонд бырцьг рæбын, лæнкауы Леуахийæ цы дæргъæлвæс, цæссыгрæсуг цад сырæзт, уымæ нымдзаст сты æнæдзургæйæ. Æрæджиау Нинæ йæ зæринхал сæр Гагимæ базылд- та æмæ йын йæ цæстытæй’цады бынмæ ацамыдта. Сæ дыууæ дæр æдзынæг ныккастысты. Цæлхыдзаг мæй лæууыд сыгъдæг арвы цæхæры астæу æнæзмæлгæ. Цы- дæр, æвæджиау сагъæстæ æвзæрйн кодта фæлмæн, æф- сæрмдзæстыг æхсæв дыууæ æвзонг зæрдæйы. Цады астæу Нинæйы сурæт мæйрухсмæ зыны урс- урсидæй, æцæгæй куыд у, уымæй рæсугъддæр: раст цы- ма зæххон нæ, фæлæ уæларвон у. Лæггпуйы зæрды л æрлæууыдысты, æрæджы журналы редакцимæ цы лири- кон æмдзæвгæ барвыста, уый рæнхъытæ: Мæ зæрваггыкк, мæ хуры хай, Мæйрухсдзæсгом рæсугъд чызгай... ^Цымæ мын æй ныммыхуыр кæндзысты? Райсом сæм редакцимæ бацæудзынæн, фæлæ\.. — дзырдта йæхими- 216
дæг. Чызг æмæ лæппуйæ, чи зоны, чи цæуыл хъуыды кодта, кæм ленк кодтой сæ уæздан, базырджын бæллиц- тæ. Фæлæ чысыл фæстæдæр, цъититæй нырма ныртæк- кæ чи ’рхæццæ, уыцы ирдгæ æрбахаста ирон фæндыры, зæрдæйы тæгтæагайæг дæргъвæтин зæл. Гаги феетъæл- фæгау кодта æмæ Нинæмæ фæкаст: — Æтт, мæ хæсгæмардыл! А зæр танæм хъазт куы ис, æмæ æз та... — Кæм йс хъазт? — афарста чызг. — Куыд кæм? Махмæ, техникумы. Цом цæуæм. Рай- сом хуыцаубон у æмæ та нæ кафты-кæрон суанг стыр фæсахсæвæртæм дæр нæ аскъуыйдзæн, — загъта лæппу. Нинæйыл сæрæй бынмæ йæ цæст æрхаста æмæ йæ йæ уæрджыты фæкъæдзгæнæнтыл баурæдта: — Дæ ибкæ азæй-азмæ афтæ куы цыбыр кæна, уæд фидæнмæ, нæ зонын, кæцæй фæуæле уыдзæн... æмæ чызджы цонгыл рахæцыд: — Цæуæм! Уый дзы йæхи ратыдта: — Ды дæр дæ фыдæй дард нæ ацыдтæ! Афтæмæй, дам, дæм хъыг фæкаст, мæн спартакиадæйы куы фед- та, уæд дæм йæ сау хъамайæ кæй бартхъирæи кодта, уый. — Хъама, хъама!.. Ныр мын æй цал хатты мæ цæст- мæ бадардтай! Стæй мæ фыды кой дæр ма кæн.( Дæ дзыхы радавинаг нæу. Цом цырддæр, афонмæ хъазт йæ тæккæ тæмæны бацыд. Техникумы агъуыстмæ куыд æввахсдæр кæнынц, аф- тæ фæндыры зæлтæ бæрæгдæрæй æмбæлынц сæ хъус- тыл, се нæуынгæ тæнæг базырты сыгъзæрин систæ сын æхсызгондæр агайынц се ’нкъарæнтæ. Уæртæ бæстыхайы фисынгæрон аууоны иу чызг æмæ иу лæппу. Гагиитæ цæхгæр фæлæууыдысты, æдзынæг сæм кæсынц. Æрбайхъуыст Бæбийы лæгъзтæгæнæн хъæ- лæс: — Зæрæда... Фыццаг хатт дæ хохы, уæ хæдзары 217
куы федтон, уæдæй нырмæ дын иу æхсызгон ныхас зæ- гъинаг дæн æмæ... — Куыд, дам, куыд? — ныллæг, фæлæ мæсты хъæ- лæсæй фæкодта Гаги. — Æ дæ тæккæ... Фæлæу, æз дын ., ныртæккæ дæ донгæмттæ афадон, — фæраст Гаги, фæ- . лæ йæ Нинæ ацахста: , ! -—Æрра сдæ?! Цы дын кæны, цæмæ йæм лæбурыс? — Æхсæвыгон мæ хоимæ иунæгæй... Ауадз мæ! — Фæлæу-ма, фæлæу, —-йæ тызмæг цæстытæм ын \ комкоммæ бакаст Нинæ, — æмæ уæдæ дæхæдæг алы ’хсæв мæ фæдыл, мæ аууонау, цы зилыс? Æви æз æнæ- хицау дæн? Куыддæриддæр сæ бахъыгдарай, афтæ ме ’мгæрæтты дæр мауал ацу, æмбарыс?.. Уæдмæ Зæрæдайы уæндон ныхас æрбайхъуыст кар- ды карстау: — Æхсызгон ныхас, æхсызгон... Мæн демæ ницы ны- хасаг ис, фæлæ цом хъазтмæ. Науæд дæр лæу, афон- мæ Гаги æрбацыд æмæ уыимæ ацæудзынæн не смдзæ- рæндонмæ. — Хъусыс! Дæ хо дæр дæрзæг — дæхиау. Уæлдай никæмæн ауадздзæн, матæрс, — загъта Нинæ æмæ асин- мæ бахызтысты. Хъазт цы уаты уыд, уый дуар чысыл базыхъхъыр æмæ цæхгæр фæлæууыдысты..., Хонгæ кафт. Чызг, ден- джызы хъазау, цыма йæ бынатæй змæлгæ дæр нæ кæ- ны, афтæ йæхи ауадзы стыр зиллаччы. Фæтæнриу, бæр- зондгомау лæппу, йæ сыгъзæринхуыз къæбæлдзыг худ зулаив —йæ сæрыл, уæлиау сфардæг сты йæ сау æрф- гуытæ, афтæмæй йæ размæ раууындзы йæхи. Цыма сæ фæндыры дæргъвæтин мыртæ æнæуынгæ æндæхтæй дыууæрдæм аласынц, афтæ æнæфæкъуыхцыйæ æмист, æмсирд кæнынц сырхахуырст пъолыл. Сæ кафт кæрон- мæ ахæццæ. Лæппу чызджы йæ раздæры лæууæнмæ, лыстæг сиргæ, бафæндараст кодта, фæстæмæ дæр йе ’ргрм чызджыты ’рдæм у, афтæмæй æрбахæццæ йе ’мбæлтты æхсæн йæ бынатмæ. 218
Фенцад фæндыр. Гаги æмæ Нинæ æрбахызтысты. Кæ- ронæй æрлæууыдысты. Гаги фæсивæдыл йæ цæст ахаста: — Уе ’хсæв хорз æмæ фарн уæ хъазты! Чегъре сæ размæ рахызт: — Æгас нæм цæут, æгас, Дзанæгайы фырт! Уæллæй, æгæр барæджы кодтай, фæлæ дын барст уæд, ахæм рæ- сугъд уазæг чызг нæм кæй æрбахуыдтай, уый тыххæй. Æтт, нæ хо, фæндыр! Нæ уазджытæн—кафт! Уат уайтагъд айдзаг мырмырæг сыгъдæг зæлтæй. Рог, æнгом, æмкъæрцц æмдзæгъдмæ базыртæ зайы адæймаджы уæнгтыл. Гаги æмæ Нинæ дардыл сæхи айс- той. Чызджытæй бирæтæ æнæввæрсон мидбылхудтæй кæсынц ^азæгчызджы фæдыл. Йæ цыбыр ибкæмæ йын амонынц цæстызулæй. Фæндыр самыдта хонгæ кафты цагъд. Чегъре фæндырдзæгъдæджы цур æрлæууыд æмæ цъæхснаг хъæлæсæй систа: Сæ фæндаджы был бæрз тала сагъд ис, Бæрз тала сагьд ис, гъей!.. Дзанæгатæм мын бæлон æртахтис, Бæлон æртахтис, гъей!.. Кафгæ-кафын Гагийы цæст схæцыд лæппуты рæнхъы Бæбийыл æмæ чызджыты æхсæн та^-Зæрæдайыл. Дисы бахауд, чысыл раздæр ма сæ дуармæ куы фæуагъта, уæд куыд тагъд февзæрдысты ам?.. Фесты кафт. Гаги лæппуты рæнхъы æрлæууыд, йæ урс нымæтхуд систа æмæ йæ даст сæры хид йæ урс къухмæрзæнæй асæрфта. Йæ тъыфылхъусты сæуæхсид цадæггай фæфæлурс кæны. — Дзыхъхъынног итувæрдæй! — фæхъæр та кодта чегъре æмæ Зæрæдайы раз ехсæй рахаххкодта. Фæн- дыры тæнтæ фæйнæрдæм айвæзтысты. Чызг куыддæр рахызт, афтæ йæ фæстæ февзæрд Саутиты Сауи. Йæ милицийы дарæс нæ, фæлæ йыл ис морæгъуыз ног кос- тюм. Гаги дзы йæ цæсты сындз уыдта æмæ йын хъыг уыд, йæ хоимæ йын кæй кафы, уый. Сауи хæрдмæ 219
’хауы, пуртиау. Йæ къахкъухтыл фесхъæл вæййы. Фæн- дыр æмæ æмдзæгъд рогæй-рогдæр систой сæхи. Сауи архайы чызджы фæтыхсын кæныныл, фæлæ йæ къухы не ’фты, Зæрæда уал æй иу сайд фæкодта. Фæсивæд ныххудтысты. Са’уи смæсты. Бынтон æрра гæппытæ рай- дыдта. Гъаныр æм Гаги расæррæтт кæна, афтæ йæм иу цæхгæр фæзилæны Зæрæда йæ къах чысыл фæца- рæзта. Лæппу асæрбихъуырой кодта. Фæсивæд ныххуд- тысты. Чызг уæддæр кафы, цъйлау, зилы/ Лæппу -фестад æмæ кафгæ нал, фæлæ чегърейы раз мæстæй алæууыд: — Чи у, ацы хъæддаг чызг æмæ ам цæмæн ис?! Æз æй ныртæккæ... — æххæст дзырд нæма фæци, афтæ йын Гаги йæ тæккæ былтæ тымбылкъухæй нырриуыгъта. Са- уи фæцудыдта, йæ фындзы хуынчъыты туг йæ ног кос- тюмыл æркалд. Æвиппайды йæ къухы финаг кард ферт- тывта: , . — Æз уæ ныртæккæ... — Чызджытæ ныцъцъæхахст кодтой. Уæдмæ йыл Бæби йæхи ныццавта, йæ къух ын сыздыхта æмæ йын йæ хотых стыдта. Хъазт схæццае, фехæлд... 8. фыццаг къахдзæф олимпмæ Поэт у йæхи зæрдæхор. Назам Хакмет. - Сæумæрайсом. Райдзаст, дæргъæлвæс къласы ба- дынц техн’икумы фæстаг къурсы студенттæ. Фæрссаг- гæрон, уæртæ æппæты фæстаг стъолы фарсмæ бадæг,^ кæддæр „сæйраг батраки кæй хуыдтой, уыцы къуыдыры лыггаджы хуызæн Мурту Гагийы басхуыста: .— Акæс-ма, акæс, дæлæ мит куыд уары. Раст дæ хъу.стыйас тъыфылтæй байдзаг уæлдæф, -— бахудт æмæ та йе стыр дзых йæ фæсхъустæм афаст. 220
Гаги йæ цæст дуармæ азылдта. Æцæгдæр, æнæуддзæф уæлдæфы æнæнымæц сæнтурс тъыфылтæй,, дунейы гæлæбутау, горæты сæрмæ тыгъдад байдзаг. Цыма сæ сау зæхмæ аерхауын нæ фæнды, уыйау,' цадæггай, зивæг- гæнгæ сæ мидбынат зилахар кæнынц. Урс адардтой телхъæдты цъуппытæ, сæ фæрстыл цы цъæх кружкæ- тæ уыд, уыдон. Телтæ зынынц ставд, урс бæндæнтау. Хæдзæртты сæртæ, куыдфæстагмæ, æппæт зæхх дæр урс хъæццулы бын аныгъуылд. . Мурту йæ фыссæн æрæвæрдта æмæ та Гагийы фарс тымбыл къухæй басхуыста: — Æй, тъыфылхъус, чындзæхсæв кæд кæндзынæ? Каст куы фæуæм, уæд æви?.. — Банцай, бауадз мæ фыссын! Ма хъæр кæн, æндæ- ра дæ ахуыргæнæг федтæдуар кæндзæн, — тызмæгæй йæм бакаст уый. —-Кæй, мæн?'Æмæ нæ сауджын ахуыргæнæджы нал зоныс? Уый æз нæ фæтардтон? Афтæ æнхъæлыс, Ту- гъан партизан уыд æмæ дзы тынг тæрсын! — Фæтардтон, фæтардтон! Дæ лакъами дзых ных- хæлиу кæн. Уый дæ хуызæн æнæхсæстытæн æвгъау уыд бæргæ. Дæлæ йæ ныр Калак сæ къухтыл хæссынц. Уый хуызæн ахуыр лæг махæн цы хуыцау дæдты?— дзырдта’Гаги ныллæгхъæлæрæй. Сæ ныхас сын айхъуыста Тутъан æмæ сæм тызмæг- цæстæй бакаст. Ис ыл фæныкгъуыз æфсæддон хæдон, уыцы хъуымацæй фæтæнхъус галифе хæлаф, авгау, æрттиваг хром цырыхъхъытæ. ч Фæтæн, бурбын рон ын æнгом æрбалвæста йæ нарæг астæу. Студентты раз са- быр къахдзæфтæй рацу-бацу кæны. Зæлы йæ сыгъдæг хъæлæс: — Нæ парти, нæ адæм æппæт сæ тыхтæ дæдтынц, ярт цæгъдынц сæ удæй, цæмæй ног фондзазон цыппар азмæ уæлдайджынтæй сæххæст уа. Уæд нæ индустри йæ къахыл слæудзæн. Нæ Советон бæстæйы хъомысад ноджы стыхджындæр уыдзæн æмæ цыфæнды уадтымыгъ- 221
ты дæр нæ нау æхсарджынæй лæгæрддзæн нæ .бæл- лиц — социализммæ, — загъта ахуыргæнæг æмæ Мурту- мæ йæ къух фæдардта: — Стæй социализмæй та—кæдæм? Уый фестад, йæ цыбыр цæнгтæ та, йæ риуыл дзуар- æвæрд акодта: —Коммунизммæ, Коммунизммæ, ахуыргæнæг! ; ’ Чидæртæ ныппыррыкк кодтой. -—Лæппу, ды зæронды’ бонмæ дæр афтæ дзæгъæл- дзых уыдзынæ? — феххæлд æм Тугъан. Уыцы уысм дуар æрбахостæуыд. Ахуыргæнæг æм акаст, фæстæмæ æрбаздæхт æмæ афтæ: —- Дзанæгайы фырт, Адрухскоммæ дæм дзурынц. Мурту йæм хингаст бакодта. — Гъе, гъе, дæ раны дæ! Гаги фестад æмæ рараст, фæлæ хорзау нал фæци. „Цы ракодтон? Кулачы фырт нæ дæн. Фыдуаг ми ницы бакодтон.. Цæмæ мæм дзурдзысты?.." Адрухскомы уат уыдис фыццаг уæладзыджы. Дуары хæцæнмæ бавнæлдта, фæлæ йæ къух фæстæмæ райста, нæ уæнды. Уалынмæ фаллаг уатæй иу æрыгон сылгоймаг рахызт. Лæппумæ æдзынæг бакаст, стæй йæ афарста: — Чи дæ хъæуы, æфсымæр? Гаги йæ мидбынат базмæлыд, йæ къæхты бынмæ æркаст æмæ ныллæгхъæлæсæй афтæ бакодта: — Мæнæ мæм ардæм фæдзырдтой æмæ... Уый йæ лыстæгæнгуылдз къухæй фыццаг дуар уæз- . дан_бахоста, стæй йæ бакодта, уаты хуылфмæ, гæзæмæ мидбылхудгæ, йæ сæрæй акуывта ’æмæ фæстæмæ фæ- зылд: — Бацу! Гаги бахызтис. Цалдæр цыбыр санчъехы фæстæ цæхгæр фæлæууыд. Созырыхъо стъолы фарсмæ гуы- бырæй цыдæртæ фыста, Лæппу уырдыгаив, фæстæмæ цæмæдæр йæ цæсты зул фæдардта æмæ фырæфсæрмаей. 222
артау, ссыгъд: йæ ирон хуыйгæ дзабырты хуылыдз фæдтæ сырхахуырст пъолыл æртæ раны< дзæмбывæд- тау, бæрæгæй зындысты. Уæдмæ Созырыхъо, йæ лыстæг, даргъ уачъи фæ- хъил кæнгæйæ, иу цырд каст фæкодта: —- Цы дæ хъæуы, мæ хур, чи дæ? — Æз, æз... Дзанæгаты, — къæзгæйæ загъта, Гаги. Созырыхъо цæрдæг фестад. Лæппуйы цур февзæрд. Йæ даргъ цонг ын йæ уæхсчытыл æрбатыхта. Йæ къæсхуыр, дæргъдзæсгомыл цины улæн аленк кодта: — О, уый ды дæ, Дзанæгайы фырт? Æрбад, æрбад, мæиæ ам. Æфсæрмы ма кæн, æмæ фысым йæхæдæг дæр æрбадти. Йе стъолы лагъз раласта, систа дзы чырынтæ тетрады сыф æмæ райдыдта кæсын: Мæ зæрватыкк, мæ хуры хай, Мæйрухсдзæсгом рæсугъд чызгай, Цыкуратæ дæ цæстытæ, Сынты базыр та —де ’рфгуытæ. Афтæмæй кæронмæ бакаст æмдзæвгæ. Стæй йæ тæ- нæг былтæ мидбылхудты айтынг сты: — Де ’мдзæвгæ у? — О, зæгъгæ, бакодта Гаги. Фырæфсæрмæй йæ зæрдæ риуы къултыл йæхи хойы. Йæ буарыл хъарм хиды æртæхтæ лæдæрсынц. — Дзæбæх æмдзæвгæ у. Æрмæст йæ сæйраг аипп уый у, æмæ æгæр ныддаргъ!.. Йæ лирикон хаххæй фæ- иппæрд, адзæгъæл. Мæнмæ гæсгæ йын мæнæ йæ кæ- ронырдæм хай аппарын хъæуы æмæ уæд уыдзæн фæл- мæн, æлвæст лирикон æмдзæвгæ. Разы дæ? -— Хорз, ахуыргæнæг, —- фæкодта лæппу, бынмæ кæс- гæйæ. Созырыхъо бахудт. — Æмæ æз ахуыргæнæг куынæ дæн. 223
Гаги хорз зыдта: Созырыхъо кусы Адрухскомæй æмæ ма уый æмрæстæджы — журналы редакторæй дæр. Фæлæ техникумы фæцахуыр „ахуыргæнæг", „ахуыргæ- нæг" дзурын. Созырыхъо та сыстад, рацыд Гагийы цурмæ. Уый дæр фестад, ногæй та йæ хъустæ асырх сты. — Уæдæ афтæ, мæ чысыл æфсымæр, ’— дзуры Со- зырыхъо, лæппуйы уæхскыл йæ къух æрæвæргæйæ, — фылдæр уал фысс æрдзы нывтæ, пейзажон æмдзæвгæ- тæ. Стæй афарста: — Фæлæу-ма, ды кæмы Дзанæгатæй дæ? — Æз хохаг дæн. — Бурхохы сыхаг, нæ! Къæрццхъус у уæ диссаджы æхсæрдзæнты чырчырмæ, уæ сау суадæтты сусæг сæр- сæрмæ. Поэт сæ хъуамæ иууылдæр хъуса, — йæ къух лæппуйы уæхскæй райста, йе стъолмæ фæстæмæ бацыд. Гагимæ, комкоммæ бакаст æмæ йæ афарста: — Мад æмæ дын фыд ис? — Ис! — Цы хуыйны дæ фыд? — Асæго! Созырыхъо йæ цæстытæ æрцъындгомау кодта. ,Йæ фæтæн ных ауырынгтæ-уырынгтæ: — Асæго, Дзанæгаты Асæго. Фæлæу-ма, фæлæу. За- раг Асæго? Æрæджы нæ композитортæ кæй зарджытæ/ ныффыстой, уый? Гагийæн æхсызгон уыд, йæ фыды йын кæй зоны, уый æмæ йæ сæр зæрдæбуцæй батылдта. — Уæдæ дæхæдæг нæ зоныс зарын? — Зонын, — чысыл йæ мидбыл фæхудт Гаги. — Иттæг хорз! Уый дын ритм ахсынæн бирæ фех- хуыс уыдзæн. Де ’мдзæвгæ-иу искæцы зарæгмæ гæс- гæ æхситтæй зар æмæ ритмæй къуыхцы бынат уайг тагъд æрцахсдзынæ. Æмæ канд ритм нæ, фæлæ дисса- дя^ы лирикон сагъæстæ ис, диссаджы, адæмон чызгайы зарджыты: 224
Урс доны былыл сау фæрдыг,— Бмрæ дзы уымæи банызтон, Урсдæллагхъуыр дæ, сауæрфыг,— | ’ Б»фæ дæ уымæн бауарзтон,— Дзуры Созырыхъо. — Кæсыс, кæуылты рæсугъд сты: æвзаг æмæ æн- къарæнтæй! Фæлæу-ма, дæуæн та куыд сты...—æмæ та, йе стъолы лагъзæй систа Гагийы æмдзæвгæ: Дæ бахудт у сырх хуры тын, Дæ Собыр дзырд у уарзон хуын... Стæй йæм хингаст æрбакодта:—-Цымæ сæ кæцы хуыздæр у, адæмон æви дæуон? — йæ фæлахс цæсгом та ногæй ныррухс. Лæппу, сагъдау, лæууыд. Ныфсæрмы. Куыд ма ацæ- уа, ууыл хъуыды кæны, йæ къухты ныхтæм кæсы. Созырыхъо йын йæ тыхст уавæр бамбæрста: — Нæ, нæ! Дæуæн дæр фæлмæн лирикон рæнхъы- тæ сты, ма" тыхс. Æнхъæлмæ дын кæсдзынæн дæ сисы дарддæры æхситтмæ. Ацы æмдзæвгæ нырма дæ фыц- цаг къахдзæф у Олимпы цъупмæ, — загъта фысым æмæ йæ æнæуæндаг уазæгмæ йæ къух æрбадардта: ч — Хорзыл амбæл! Арæхдæр нæм цу. Де 4мдзæвгæ дын рауадздзыстæм журналырадон номыры. Дæ зæрдыл дар, зын у, тынг зын, поэты куыст. Поэт йæ алы æм- дзæвгæйы дæр хъуамæ йæ зæрдæйæ иу къæртт нывæра æмæ афтæмæй зæрдæ та хъуамæ уа дунейы фаг. Гаги уынгмæ рахызт. Уыцы уысм йæхицæй амонд- джындæр æгас дунейыл никæйуал æнхъæлдта. Миты пыхцьтл тъыфылтæ йæ тымбыл цæсгомыл тайынц, фæлæ сæ уый нæ хаты. Цæуы, æхсызгон сагъæсты ныгъуыл- гæйæ. 15* 225
9. Нæ зонын, нæ зонын!.'. Зыльгн къæцæлы дон нæ ласы. Ирон æмбисондь Стыр фæсахсæвæртæй ахызт. Цæлхыдзаг мæй дыргъ- дон-горæтыл æвзист ссадæй тæнхалас æрывæрдта. Уынг- ты кæрæтты наз тала бæлæстæ, ног чындзытау, æнцад, æфсæрмдзæстæй лæууынц. Хъыпп-сыпп никуыцæй хъуы. сы. Æрмæст Леуахийы иугъ>æдон сырсыр, сæрибарæй> сыгъдæг. уæлдæфы алырдæм ленчытæ кæны. Тугъан сабыргай бакодта сæ дуар æмæ бахызт тыргъ- мæ, уырдыгæй — хæпзармæ. Йæ сыгъзæриндзыкку æф- син æм бады, цыдæр чиныг кæсы, афтæмæй. Лæг ныл- лæг хъæлæсæй нывæнды: Цæйут ма, фæсивæд, дзæбæхдæр базарæм, Урс хъазахъхъæгтыл |нæ кæрдтæ бавзарæм, Бур хохыл хæрæ мигъ, мæрдджынау, нынкъарди, Бургъустаны уынгты нæ сырх туг ныккалди... Стæй йæ къухы, газеты тыхтæй, цы егъау къам ’ уыд, уый уаты астæу урсæмбæрзæнджын стъолыл æрæвæрдта. Ус йæ чиныг нæ бахгæдта, дæлгоммæ йæ æрывæрд- та, афтæмæй сыстад йæ лæгмæ: — Сабыр, ма хъæр кæн, чызджы сыхъал кæндзынæ, — æмæ къуымрæбын сынтæгмæ бакаст. — Гъей, неч ’фсин, уый мæнæн чызг дæр у æмæ лæппу дæр, — хъæлдзæгæй сдзырдта Тугъан æмæ Нинæ- мæ нымдзаст. Уый хуыссыд уæлгоммæ. Йæ мыдгъуыз даргъ цæсты хаутæ йæ цæсты бынтыл, назы судзинтау, рæгъ-рæгъы зындысты. Лæг ын йæ урс фæтæн ныхæн фæлмæн пъа акодта: • — Мæ дунейы рухс, — æмæ та зарæг самыдта:. ’ — Ой, урс хъазахъхъæгтыл нæ кæрдтæ бавзарæм. Йæ акомкоммæ шифонеры кæсæнмæ фæкомкоммæ. Йæ 226
русы нуæс æм иннæ хæттытæй ахсæв сырхдæр фæкас- ти. Уæвгæ, æгæр куы аназы, уæд ын афтæ кæны.> "Йæ уырзтæ йыл æрхаста йæ фындзы хъæлæй суанг йæ уадулы кæронмæ. Йæ цæстыты раз та сыстадис/ уыцы æвирхъау фæззыгон райсом, æнæнхъæлæджы,' есаул Хмарайы бæхджын тугмондаг хъазахъхъæгтæ кардæлвæстаей куыд æрбабырстой, уый. Хайуантæ сæ фæстаг къæхтыл фæлæууынц, цæвынц армаццагæй. Æхсаргæрдты цъыкк-цъыкк уæгъдидон æфсургъты дæргъвæтин, цъæхснаг мырмыры бын фæ- вæййы. Тугъан æвиппайды нæ фæхатыд,. цъæнутрихи хъазахъхъаджы карды бырынкъ йæ уадулыл куыд ауад, уый. Фæлæ уый хыгъд йæ зæрдыл хорз лæууы: цæхгæр куыд фæзылдта йæ бæх æмæ йæ фæринк, уыцы иу æхситтæй^ йе знаджы сырх бæрзæйыл куыд æруад. * ...Йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ дарддæр ленк лæны йæ карз, тымыгъулæн мысинæгты фурды... Мæнæ сæ бригадæйы тохмæ фæндарастгæнæн изæр. Хæстонты раз ралæууыд къуыппных, фæтæнтæ арæзт лæт. Йæ цæ- хæр цæстытæ сыл’ ахаста, стæй райдыдта, зæгъгæ, ирон лæджы кад, тырысайау, хаста йæ фæринк æхсаргард. Рагфыдæлтæй нырмæ тохы быдыры йæ фæринк æгадæй йæ кæрддзæмы никуы нытътъыста. Уый федтой æгъа- тыр чингисхантæ æмæ мамайтæ. Уадз фенæнт æй абон урс тугдзыхты балтæ. Уынут æй ^ уæхæдæг, Уырысæй Ок.тябры тырысайы, стыр Ленины фарны рухсы тынтæ æрттивынц Кавказы урссæр хæхтыл дæр. Гъæтт, лæгдзинад, лæгдзиннд, æнæрцæф хæххонтæ! Хæстонты æхсæн уæд хъус-хъус ацыд: .! „Уый Кира у, Кира"... (Афтæ хуыдтой хæххонтай Кировы). * —- Цæй-ма, сх»1сс, кæдмæ бадыс, — ныллæг хъæлæ- сæй йæм бадзырдта йæ ус, — кæмдæр та зынгыл фæлæу- уыдтæ, æвæццæгæн. Тугъан йе 1фсины уæхскыл йæ къух æрæвæрдта: — Зынгыл нæ, фæлæ æнæхъæн цæхæрыл. Кæуыл 227
сагъæс кæнын, уымæн цы зоныс... Æмæ ныр ахæм лæ- джы, салдатау, йæ посты лæугæйæ, æнаккаг знаджы сау нæмыг бабын кодта. Троцкистон балбирæгътæ! Цас цин, цас бæллиц уыд йæ рухс зæрдæйы. Хъуыды ма йæ кæныс, нæ партийы съезды ма йæ фæстаг раны- хасы, сывæллонау, куыд ради, ехх, цæрын, дам, мæ куыд фæнды, зæгъгæ, куыд! Нæ, уыдон бындзарæй скъахын хъæуы, — йе ’рфгуытæ æрбацъæлтæ кодта æмæ арф ныуулæфыд. Ус ын йæ фыдæхæй се ’мыдзаг тæмæн цæстытæм скаст: — Æмæ дæ ныфс нæй, нæ хицауад сæ æд уидæгтæ кæй стондзæн, уымæй?! — О, куыннæ, фæлæ арæх афтæ дæр рауайы, æмæ рæстаг лæг бабын вæййы, зылын та уæддæр баззайы. Дæхæдæг куы фæдзурыс, зылын къæцæлы дон нæ ласы, зæгъгæ. — Цæй, хуысгæ. Ныр бонмæ бирæ нал ис, — загъта •æфсин æмæ стъолæй къам систа, кæсы йæм: ахуыргæн-' ’ джытæ æмæ каст чи фæци, уыцы æрыгон лæппутæ, Ис дзы бæрнон партион кусджытæй дæр чидæртæ. Се ,'ппæт дæр —бæгъæмсар. . — Диссаг у; диссаг, — дзуры ус, — ацы фæсивæды цалдæр азы размæ Æххуырстыты къурсытæм куы æрæм- ,бырд кодтой, уæд цы хуызæн уыдысты æмæ ныр та? Акæс-ма, акæс: лæппутæ нæ, фæлæ цæргæстæ. — Ды сæм изæрсарæй куы бакастаис! Æрæмбырд ма сты фæстаг хатт. Директор сын зæрдиаг арфæ ракодта, педтехникум каст кæй фесты, уый тыххæй, стæй сын расидт, кæй са^ кæдæм снысан кодтой, уый. Алкæй цæсгомыл дæр сæ цины улæн хъазыди. Цырæгътæ сыгъ- дй сæ цæстыты. Сæууон хуры тынау, ныррухскæндзыс- ты, иры кæмттæ. — Дзанæгайы фырты та кæдæм снысан кодтой? — афарста йæ йе сфсин цымыдисхъæлæсæй. Тугъан йæ чызджы сынтæгмæ бакаст, йæ нуæс русыл ,йæ армытъæпæн æрхаста: 228
— Уый ам, горæты баззад. Газеты редактор æй рё- дакцимæ кæны.., Гъы, æрæнцад дæ зæрдæ, де сиахса- джы дын дардмæ кæй нæ арвыстой, уый тыххæй. — Алæ_, мæ чызджы фæхъхъау фæу. Уæлдæр ахуыр- мæ йæ ма барвит, фæлæ сиахс, сиахс кæн. Тугъан къам райста йæ усæй. Æдзынæг æм нык- каст: — Æз дын зæгъын, сахъ лæппу у Гаги. Æмбырд куы фæцис, уæд куывды сбадтыстæм. Мæ зæрдæ зæ- гъы æмæ уый йæ дзыхмæ къæбæр нæ систа. Æдзух -- лæггад. Науæд йæ зард, йæ зард! Ахæм дзæнгæрæг- хъæлæс ма йæ фыд Асæгойæн уыд. Бургъустанмæ цæу- гæйæ-иу куы ныззарыд, уæд-иу нæм хъазахъхъы хъæу- тæ хъусынтыл фесты. ^ Æфсин йæ мидбылты фæхудт: — Уый къæбæр уымæн нæ систа, æмæ æнæуæндаг у, бынтон æнæуæндаг. — Æнæуæндаг нæ, нæ! Уый ирон уæздан æгъдау у; æмбарыс? Гаги хохаг у æмæ уыи фыдæлты æнæфыст закъæттæ лæгæн амонынц, йæхи кæм куыд дарын хъæ- уы, уый. Мæнæ нæ Леуахийæн йæ ратæдзæны суадæт- тæ куыд сыгъдæг сты, афтæ нæ хæхты фæсивæд дæр æрдзæй уæздан æмæ сыгъдæгзæрдæ сты, — загъта Тугъан, йæ усы уæхсчытыл йæ цонг ’æрбатыхта, стæй иннæ уатмæ бахызт æмæ йæ дарæс ласын райдыдта... Ус къам ногæй систа, фæкаст æм иудзæвгар, стæй’ йæ йæ къухы бахаста æмæ йæ чызджы сынтæджы цур æрлæууыд: куы Гагийы къаммæ нымдзаст вæййы, куы та фæлмæн пух базыл—Нинæйы рæсугъд цæсгоммæ. Стæй рухсы æргъæвæн фæкъæпп кодта æмæ, чысыл раздæр йæ лæг цы дуарыл бахызт» уырдæм бараст. 229}
10. Фыццаг мызд Лæг сусæгæй куы нымудзы, Уæд нал сæтты йæ номыл дæр... Къоста. . Бады йæ фыссæн стъолы фарсмæ фæтæнтæарæзт, сæрæй, зачъейæ булкъдаст, тымбылдзæсгом лæг. Йæ цъухы ис чырынтæ тетрады сыф. Кæсы йæ. Куы йæ иуырдæм æрзилы, куы— иннæрдæм. Йæ сау æрфгуытæ фелхынцъ вæййынц, ,йæ сæр мæсты æнкъуыст ныккæны. Уый газеты радактор Гаси у. .Уæдмæ йæ уаты дуарæй æрбахызт редакцийы ку- сæг~ фыстæджыты хайады сæргълæууæг Дзанæгаты Гаги. Йæ сæры фæкъулæй редакторæн салам радта æмæ æфсæрмдзæстæй афтæ бакодта: %. —Иннæбон институтмæ экзаментæ райдайдзысты. Курæг дæн, цæмæй мæ ауадзай, цалынмæ сæ кæронмæ радтон, уæдмæ. Айразмæ^ дæр дын куы дзырдтон, мæ документтæ куы лæвæрдтон, уæд. . Редактор тамако ссыгъта, телефоны хæтæл сис- та æмæ фæдзырдта: :, — Институты къæнцылар? Зæгъ-ма мын, дæ хорзæхæй, экзаментæ уæм кзед райдайдзысты? Афæрсон зæгъыс? ^Сорз, зæгъгæ, загъта, стæй, арæх куыд фæкæны, афтæ хæтæл йе ’фсæрыкъæдзæй йæ уæхскмæ æраёлхъывта ^емæ, чысыл раздæр йæ къухы цы гæххæтты сыф уыд, уый систа: ., — Иннæбон зæгъыс? Хорз, хорз! Бузныг, — адзырдта телефоньг,. Ьмæ хæтæл йæ бынаты æрæвæрдта, стæй ^геххæтт кæсын райдыдта: „Æмбал редактор! Цалдæр уацы арвыстон уæтазет- мæ æртæ мæйы агъоммæ, фæлæ абоны онг^дæр, кæм сты, уый бæрæг нæй. Уæ фыстæджыты хайады гæс Дзанæгайы фыртмæ уыдтæн иу æртæ хатты. Баййафын æй к^ы æмдзæвгæтæ фысгæ, куы та фæсусу-бусу кæны цахæ\1дæр бурдзалыг, цъæхдзаст чызгимæ, мæнмæ; кæс- р
гæ дæр нæ ракæны, афтæмæй. Фæллойгæнджыты фыс- тæджытæм ахæм ахаст æвзæрын кæны æнæразыдзинад, фыдæх нæ хицауадмæ. Мæнмæ гæсгæ, не ’мбæлы, æмæ ахæм лæг партион органы куса... Уыимæ цы æмдзæвгæ фыста, уый, мæн фенгæйæ, уайтагъд йе стъолы лагъзы амбæхста. Цæмæн æй бамбæхста, кæд зыгъуыммæ фыст нæ уыд, уæд?а—-фæци каст редактор. Лæппумæ иудзæвгар æнæдзургæйæ нымдзаст, стæй йæ -бафарста: — Гъы, цы зæгъдзынæ? — Чи йæ фыссы? — тызмæгæй афарста Гаги. Редактор та гæххæтт иннæрдæм æрзылдта, цыма йæ нырма ныртæккæ федта, уыйау æм æркаст æмæ афтæ: — Ном дзы нæй, сусæг фыстæг у. Фæлæ кæй фыс- сы, уыдон æцæг сты, æви нæ? —-Æмдзæвгæтæ рагæй фыссын, уый дæхæдæг зо- ныс, хатт куысты дæр афæлварын. Нæ раздæры ахуыр- гæнæг Тугъаны чызг дæр мæм æрбауайы. Суанг ма Æххуырстыты курсыты куы уыдтæн, уæдæй нырмæ зонгæ стæм, — фæци йæ дзуапп Гаги æмæ æнхъæлмæ кæсы, дарддæр ын редактор цы зæгъдзæн, уымæ. — Хорз, — йæ бынаты базмæлыд Гаси. „Иу æртæ ’хатты дæм уыдис", уый та? — Уый мæнг ныхас у. Йæ уацты тыххæй мæ ничи- ма( фарста. Стæй уый эфтæ куы фыссы, зæгъгæ, сæ æртæ мæйы размæ радта. Æз та ма уæд техникумы ахуыр кодтон. — Æмæ уæдæ ацы хъæстгæнæг чи уыдзæн, дæумæ гæсгæ? — Нæ зонын. Кæд намысджын адæймаг у, уæд фыс- тæгыл йæ къух цæуылнæ фыссы? Уыцы сусæг ныму- дзæг йæ номыл цæмæннæ сæтты? Редактор иудзæвгар сагъæсты аныгъуылд. — Тугъаны чызджы тыххæй искæимæ хъаугъа дæ, миййаг? Гзги ницы сдзырдта, фæлæ йæ сæр разыйы æи~ къуыст бакодта. 231
Гаси йæм хæтар цæ:тæй скаст: — Хорз. Ацу æмæ экзаментæм дæхи цæттæ кæн. Ис- тæуыл куы тыхсай, уæд-иу мын зæгъ. 0, хæдæгай, ам кæй фæфыссыс, уыцы æмдзæвгæтæй ма мын исты бакæс. — Дыууæ ныффыстон æмæ сæ журналы редакцимæ радтон, — загъта Гаги æфсæрмдзæстæй. ’ — Æмæ дæм уæдæ ам æппындæр ницы ис? — Мæнæ иу æмдзæвгæйы райдиан. — Ракæс.ма йæ. Лæппу йæ тары дзыппæй систа редакцион гæххæт- ты сыф æмæ бакаст иу цыбыр æмдзæвгæ. РедакторьГ цæсгом фæрухс, сыстад æмæ йæ кусæ- джы къухæй сыф райста. Зылын-мылын рæнхъытыл йæ цæст ахаста æмæ сдзырдта: —-Диссаджы хорз æмдзæвгæ у! Тæккæ райсом æй нæ газетмæ радт. Гаги фефеæрмы, гæххæтты сыф райста æмæ афтæ: — Нæ, акусын ма йыл хъæуы, фæуд нæма у. Редактор йæ рахиз уæхскыл размæ фæхæцыд: —-Мæнмæ та фæуды хуызæн кæсы... Гаги хъуыдытæгæнгæ рахызт... '„Чи уыдзæн ацы фыстæджы æдзæсгом автор? Æнæмæнг уый у. Гаси раст у. Чемæ, дам, дæ хъаугъауыцычызджы тыххæй... Саутиты Сауи... Цъаммар, кæуылты зилы маь фæстæ„ куыдтæ кæны?!" Гаги.куыстæй рацыд. Куыддæр булвары фæдæлæмæ. кодта, афтæ йыл хæрхæмбæлд фесты Басыл æмæ Бæ- ,би. Кæрæдзийыл зæрдæбын цинтæ ныккодтой, стæй сæ Дзанæгайы фырт афарста: — Гъы, цы хур, цы къæвда уæ æрхаста? — Хур дæр нæ æмæ къæвда дæр, — райдыдта Бэеби. — Æз мæнæ Адрухскомы уыдтæн. Фæцархайдтон, цæмæй мæ арвыстаиккой ахуыргæнæгæй, æз цæй ди- ректоры аккаг дæн, фæлæ нæй. Созырыхъо ныццæхгæр. Ма^с, дам, дæ хуызæтты цырагърухсæй агурæм. Дæ кой дæр мын ракодта, фен, дам, дæ поэт æмбалы. " 232
I — Ныууадз, ныууадз, де скъæрæн ныхæстæ, — йæ фæтæн уæхск ын æрриуыгъТа Гаги æмæ Басылмæ фæ- зылд: — Куыдтæ сты уым мæ зæронд мад æмæ фыд? Гъе, дæ колхозы зыввытт куыд у? Бæби йæм хин мидбылты бахудт: — Мæнмæ гæсгæ батрак-поэт раздæр хъуамæ кол- хозы хабæрттæй афæрса, стæй та йæ мад ’æмæ йæ фы- дæй. —- Цы зæрдæйæ йæ зæгъыс, уа зæрдичг цард фæ- кæн,—йæ фарс ын батъæпп кодта Гаги,—- цыма колхоз мадæлтæ æмæ фыдæлтæй арæзт нæу. — Цы сьш у, цы, дæ ныййарджытæн? Колхозы сын куыстбонтæ — бирæ. Сæ цæхæрадоны каргоф æфсна- йæг нæ бафснайдзæн. Сæ фырт горæттаг, поэт, сæ чызг.та рæхджы дохтыр суыдзæн,—дзуры Басыл æмæ чызджы коймæ Бæбимæ фемдзаст. Уый фæсырх æмæ йæхи иннæрдæм кæсæг скодта. — Дæ фыд Асæго та, куыд æй зоныс, афтæмæй фæззæджы зарæг нывæндын райдыдта. Ой, уæдæ, фæззæг, Ой дæ къутæрбецыкк, дæ сыгъзæрин худт... Ой, уæдæ, фæззæг, ^ Фæззæг æвзæрты удхæссæг... Гъе, афтæтæ цæрæм. Фæлæ мæ сымах фыдæнхъæл фæкодтат. Ныфс мæ уыд, зæгъын, каст куы фæуат, уæд уæ исчи колхозы сæрдарæй æрлæудзæн, фæлæ нæй. Алчи уæ йæхи гæххæтт æмæ кърандасы куыстмæ баласта. Уæвгæ, нæ колхоз ныр цыма йæ гаччы бадын райдыдта. Сæйраг уый у, æмæ йыл адæм баууæндыдыс- ты. Куыстмæ сæхи æппарынц. Афтæ ныхæстæгæнгæ хæрæндоны цурмæ куыд æр- хæццæ сты, уый зонгæ дæр нæ бакодтой. Гаги сæ ра- зы æрлæууыд æмæ сын афтæ: — Тæккæ æндæрæбон мæ фыццаг мызд райстон. 233
Рагæй уæ нал федтон æмæ цом, фæйнæ сæньг уьЩ бадарон. ’ н (| Басыл йæ сауарæзт хъамайы сæрыл æрхæцыд æма^ Бæбимæ бакаст: — Гъе, уый лæджы ныхас у. Науæд’мын нæхимæ цъæх арахъхъ мæ хурхы сæртæ бадзæгæрæг кодта. — Стæй, æвæццæгæн, сæрдары æзфæраздæронæй хонынц аемæ... — фæхудт Гаги. — Хонынц, мæ фыдыстæн, хонынц, уæлдайдæр ку- лак Бокотæ, фæлæ уыдонмæ бæрæгбонæй дарддæр никуы вæййын. Æрмæст сæм иу сыкъа дæр баназтон — æнæхъæн бон раст фæхтыхосты хуызæн вæййын. Цы маргкъух сты, нæ зонын? — Нæ зонын, фæлæ мæ мад афтæ фæдзуры, зæгъ- гæ, дам, уыдон рагæй фæстæмæ дæр дарынц æртæхуы- зон арахъхъ:иу сæхи дзыхы арахъхъ, иннæ бæхджынтæн, æртыккаг та, афтæ, æнæзæрдæрисгæ уазджытæн. Гъе, æмæ дзы дæумæ, цæмæй зонын, кæцыйæ фæкæсынц? — фæрсæджы каст æ^ бакодта Гаги. Басыл дзургæ нйцы скодта, фæлæ йæ сæр дызæр- дыджы æнкъуыст бакодта æмæ лæппуты разæй хæрæн- донмæ фæцæуæг. — Гъе, æмæ уæдæ, Асæгойы фырт, хуындтыты би- рæ хæттыты фæдæн, фæлæ мæ фыццаг мыздмæ ничи- ма фæхуыдта. Фенæм, кæддæра куыд у,— загъта бын- тон ёгцæггъуызæй Басыл æмæ, къуымы цы афтид стъол уыд, уый фарсмæ йæхи æруагъта. Гаги ницы (сдзырдта. Комкоммæ бацыд хæринагхæс- сæг цъæнутсæр, цъæхдзаст чызгмæ. Цыдæртæ йын адзырдта, стæй сбадт йе ’мбæлтты цур. Чысыл фæстæдæр стъолыл февзæрдысты тæбæгъы- дзаг диссаджы нард стуры фыд, заманайы салат, гæ- зæмæ цæхджын къуыбыр джитъритæ æмæ сырх сæны; цыппар авджы. Басыл исдуг ницы дзуры, .стæй бæрæчеттыл йæ цæст ахаста æмæ афтæ бакодта: 234
— О, уый æгæр байтыгътай дæ цæнгтæ. Асæго зæгъдзæн, лабппуйы муртæ зæронд Басыл бастæрдта. — Ма тыхс, нæ уæздан сæрдар! Куыддæр мæ мызд райстон, афтæ йæ тæккæ сæйрæгтæй гыццийæн бал- хæдтон къаба, мæ фыдæн куырæтаг æмæ Зæрæдайæн та — кæлмæрзæн. Уæдмæ Бæби агуывзæтæ æрыдзаг кодта. Сыстад æмæ дзы иу хистæрмæ балæвæрдта. Басыл, цыма, сæхимæ, хохы, искуы дзуары бын уы- ди, уыйау сыстад æмæ кувын райдыдта: — Хуыцау, баххуыс кæн/батæригъæд кæн! Цы цард, цы дуг ныл æркодта, уый бонæй-бонмæ тыхджындæр куыд кæна,—-фæлæ уыцы рæстæджы радио хъæрæй дзу- рын райдыдта: „Сталинон фондзазонтæ æнтысгæйæ æх- хæсткæй цæуынц, уымæ гæсгæ нæ Райгуырæн бæстæ"... Басыл къулмæ йæ цæсты зул сзилы æмæ та кувын райдайы, фæлæ радио йæ ныхас ноджы бæрзонддæр исы. Лæг уæд иу сæнт хъæр фæкодта къулæрдæм: — Фæлæу-ма, дæ хорзæхæй! Æппьтн дæм æфсæрм нал ис æви ирон лæг нæ дæ, ард дæ хæдзары бацæуа. Гаги æвиппайды радиойы таг фелвæста. Уый цæхгæр фæхъус. Басыл уæлахизы хъæлæсæй афтæ бакодта: — Бирæ лæг куынæ тæрса, уæд хæрæгæй хуым кæ- ны,—æмæ дарддæр кувын райдыдта, Бæби йæ дзых йæ армытъæпæнæй амбæрзта, йæ сæнт пыррыкк йæ тæккæ райдианы ныххуыдуг кодта. Гаги та йæ къæхты бын- мæ нымдзаст, йæ худæг уромгæйæ... 11. Тæссаг сауæ’ндар Амонд — уалдзыгон зæрватыкк. Фев- зæрд, ацъыкк ласта, нал ис. Автор. Гуры вокзал. Гаги перроны лæууы æмæ æдзынæг кæсы æфсæнвæндаджы сæрты æгæронтыгъдадмæ. Цал- дæр къахдзæфы акæны размæ, стæй та фæстæмæ 235
фездæхы. Йæ ног тъæпæнфындз цырыхъхъы йæ къах базмæлын кæиы. Нырма сæ абон ’скодта æмæ йæ æл-. хъивынц, уæлдайдæр йæ рахиз къахы æнгуылдзтæ кæрæдзийыл нынныхæстысты. Йæ урс ирон хæдоны ’ бæрзонд æфцæгготы дыууæ сæхтæджы дæр бафтыдта, . йæ тинтычъи нымæтхуды кæрон бæрзонддæр’ фесчъил кодта æмæ йæ нарæг роны. æвзист æвзагæй хъазы, йæ амонæн æнгуылдзыл æй зилы, афтæмæй дарддæр ир- хæфста иæхи. Уалынджы гæзæмæ хъуысын райдыдта уадæджы унæр. Лæппу йæ мидбынат æрзылди, лæмбы-~ нæгдæр айхъуыста. Унæр тынгæй-тынгдæр кæны, стæй, ’ уæныггалы дæргъвæтин ныббогъау, азæлыд тæфласы хъæр æмæ куыдфæстагмæ цæлхыты дзурын æрбай- хъуыст: „Ам и, ам й, ам и"... Гаги бахудт æмæ чысыл дарддæр ацыд. „Ам и, ам - и" йæм ныр бынтон æввахсæй хъуысы. Лæф-лæфгæнгæ, æрбахæццæ кæны уадæг, спалтæ йæ быны ныттас-ныт- тас кæнынц. Сындæгæй-сындæгдæр ивылынц вагæттæ. Лæппу сæм йæ сæгъдзæстытæ ныццавта. Гом фæрс- сæгтæй мидæмæ кæсы. Бирæ рæттæй дзы зыны - мæйы цæхæргъуыз дидинджыты стыр бæстытæ, йæ мид-зæр- ды фæсмон кæны: „Мæнæн мæ хъуыдыйы куыннæ ’рцыд дидинджытæ ’рбахæссын". Уадæг ныссыф-сыф кодта æмæ æрлæууыд. Гаги йæ цæст хæссы, вагæтты асинтыл чи хизы, уыдоныл, фæлæ кæмæ æнхъæлмæ кæсы, уый никуыцæй зыны. Тыхсы йæ мид-зæрдæйьг. „Уæдæ а зæр нæ рацыдаид æмæ мæм айразмæ куы фыста, зæгъгæ, ацы сабаты бацæудзы- нæн\ Æваст ын чидæр фæстæрдыгæй йæ цæстытæ æнгом амбæрзта. Уый исдуг йæ мидбылты æхсызгон бахудт, стæй йæ цæстыл цы чысыл, фæлмæн æрмттæ уыд, уыдоныл йæ уырзтæ æруагъта: , —Дæй, суадз мæ, базыдтон дæ! Дæ лыстæг, даргъ æргуылдзтæ суанг мæ фæсхъустæм куы србахæццæ сты. 236
Нинæ ныххудт: -Æмæ. дзы уымæй уæлдай хъустæ дæр нæй, мæгуыр! ^ — Уадз. еæ, уадз! Æз уыдон фæрцы, уадæг Калачы куыддæр- йæ бынатæй фезмæлыд, афтæ йæ фехъуыс- тон, — сдзырдта Гаги æмæ Нинæйы ’ нарæг астæуыл йæ цонг æрбатыхта. Чызг дзы йæхи расæрибар кодта: — Иуырдæ,м. ам нæхирдыгæттæ ис, худинаг у, æмæ йæ фарсмæ перроныл цы рæсугъд, дæргъæццон чыр- гъæд уыд, уымæ йын ацамыдта. Дзанæгайы фырт чыргъæд систа æмæ фæрсæй-фæрс- тæм рараст сты автобусты станцмæ. Чысыл куы рауа- дысты, уæд лæппу чыргъæдмæ зулмæ æркаст: — Дæ хорзæхæй, куыд уæззау у? Уагæры дзы цы нывæрдтай? Нинæ бирæ хæттыты куыд фæкæны, афтæ йæ цъæх цæстыты даргъ хаутæ . кæрæдзимæ æрæввахс кодта æмæ йæм мидбылты фæхудт: —Уæдæ ма базон, цы дзы ис, уый? Лæппу йыл бæрзонддæр схæцыд. Чыргъæд уыдис газетæй æнгом æм’^æрзт æмæ дзы ницы зындис. Гаги Нинæмæ фæрсæджы каст æрбакодта, стæй йæ галиу уæхск хæрдмæ фесхуыста, йæ былтæ фенцъылдта. — Абон мæм райсомæй æмдзæрæндонмæ æрбамидæг уæ натлиа Гагнидзе Гиви, йæ къухы — дзаг рифтæгтæ, афтæмæй, Æз æй исдуг нæ базыдтон. Ноджы ныб- бæзæрхыг, сырæзт. Уыимæ йæ сау рихитæ тæбынты хуызæн ныззылдысты фæйнæрдæм. Йæ рифтæгтæ балкъоны æрæвæрдта, уæрæх, фæлмæн худы, йæ урс дæндæгтæ уыцы сау тæбынты бын бæрæгæй зынынц. Ницы дзуры. Æз æй уырыссагау афарстон: — Бахатыр кæн, фæлæ дæ нæ хъуыды кæнын: Уый мæм комкоммæ æрбакаст: — Æз Гиви дæн, Дзанæгаты натлиа. Стæй йæ риф- тæгтæ систа, æрбалæвæрдта мæм сæ: 237
— Æз нæхимæ, .Къахеты уыдтæн. Адони мæ, мад дæуæн радта.. . > . ■ Бузныг ын загътон. Фæлæу, зæгъын, ныртæккæ дын , дæ рифтæгтæ авдæлон кæнон æмæ уатмæ фæраст дæн. — Нæ хъæуы, æндаер хатт. Æз ниртæккæ мæ ахуыр- мæ цæуын, — сдзырдта æмæ мæм йæ къух æрбадаргъ •кодта хæрзбон кæнынмæ. —-Ау, æмæ æндæраз нæхицæй, хохæй, куы æрыз- дæхт, уæд æнæхъæн изæр иумæ куы фæтезгъо кодтам, уæд æй куыд нал базыдтай? — афарста йæ Гаги. — Æмæ гъа? Куыд дын зæгъон, бынтондæр фендæр- гъуызон. Г-аги йæм хин каст бакодта: — Ма йæ бауарз, миййаг?.. Чызг ныххудти: — Æмæ уæд цы! Уæ натлиатæ куы сты. — Гиви фарон институтмæ нæ бахауд æмæ ныртæккæ Калачы кæмæдæр цæттæ кæны. Цæргæ та йæ фыды хо- мæ кæны, — загъта Гаги æмæ чыргъæд йе ’ннæ къухмæ райста: — Нæ, фæлæ дзы уæддæр цы ис, уый нæма загътай. — Ис дзы дыууæ авджы къахеттаг сæн, — сæрыйас сырхварс фæткъуытæ æмæ чурчхелатæ. — Æмæ дын сæн та цæмæн æрхаста? — Æвæццæгæн, мæ фыдæн. — Дæ фыдæн! Æмæ мæн лæгыл нæ нымайыс, — йæ иу цæст æрцъынд кодта Гаги. — Хорз, хорз, дæу фæуæнт, фæлæ ам автостанцы кæдмæ баддзыстæм, кæд æрцæудзæн машинæ? — афарста Нинæ. ^ ) — Нырма нæ æнæхъæн саха^ы бæрц æнхъæлмæ кæ’- сын хъæуы, — дзуапп радта Гаги, къулыл цы дæргъæц- цон гириджын сахат уыд, уымæ кæсгæйæ, стæй афарста: 1—Æндæр ма цы ног хабæрттæ ис? Нинæ фенкъардгъуыз.^Æнæдзургæйæ бады, йæ къæх- ты бынмæ нымдзаст, стæй ныллæгхъæлæсæй афтæ: 238
— Тæккæ æндæрæбон нын нæ лектортæй иуы æр- цахстой. Истори нын амыдта. Адæмы знаг, дам, разынд. Афтæмæй та мидхæсты хъайтар уыд. Мæ фыд дæр-иу йæ кой кодта. Мæн куы базыдта, уæд-иу мæм худгæ æрбакаст: , — Гъе, Тугъаны чызг, радзур-ма, дæ фыд сахъ лæгæй зæронд кæны, кæддæра дæхимæ та цы лæджы- хъæд ис! — Æмæ адæмы знаг уыд, уый чи загъта? — Знон нын уыдис стыр æмбырд. Уым нæ директор расидт, зæгъгæ, уый уыд, троцкистон бандæйæ. Киро- вы дæр, дам, уый хуызæн абырджытæ амардтой. Мах- мæ, дам, цырддзæстдзинад нæ разынд æмæ, зæгъ, уыцы æнаккаг къорд азты не ’хсæн йæ халæн куыст кодта. — Æмæ йæ студенттæ ницæмæй хатыдысты? — Студенттæ йæ бирæ уарзтой. Хъæлдзæг, цардбæл- лон, хæларзæрдæ. Гаги арф сагъæсты аныгъуылд: „Мидхæсты хъайтар — адæмы знаг\ Æрæдлшау йæ бынаты базмæлыд æмæ афтæ: — Чи зоны, ахæмтæн барæй хæлар ахаст вæййы Уæдмæ дуарæй машинæйы унæр æрбайхъуыст æмæ сыстадысты. — О, салам, æхсидгæ салам нæхиуæттæн, — авто- бусы сæ разы февзæрд Мурту. Йе стыр дзых та суанг фæсхъустæм фегом йæ чысыл бахудтæй дæр. — Рагæй уæ нал федтон, чындзæхсæв сусæгæй ма скæнут, мий- ■ йаг, — хъазæн ныхас кæны. — Ау, æмæ æнæ „сæйраг" батрак махæй, кæддæры æххуырстытæй, чи цы хъуамæ сараза! — хъæлдзæгæй йын загъта Гаги æмæ йын йæ ныллæг уæхск æртъæпп кодта: , — Фæлтау ма зæгъ, уыцы куыст ма кæныс? — Уæдæ? — Æмæ кæм кусы? Ахуыргæнæг нæу? — афарста Нинæ. 239
— Ахуыргæнæг! Æз кусын хæрæндоны директорæй æмæ ма ахуыргæнджытæ мæ рæзты рауайæнт, — сæры- стырæй загъта Мурту, стæй йæ бобрик палтойы дзып- пæй армыдзаг зынаргъ къафеттæ систа æмæ сæ Нинæ- мæ радта. — Нæ дзæбæх чындзагæн, — æмæ та рагæй фæстæ- мæ цайдагъ куыд уыд, афтæ йæ цыбыр цæнгтæ йæ риуыл дзуарæвæрд акодта. Автобус горæтмæ æрбахæццæ талынгæй. Бæлццæт- тæ машинæйæ рахызтысты. Гаги æмæ Нинæ Муртуйæн хæрзæхсæв загътой æмæ уынджы дæлæмæ рараст сты. — Ау, ахуыргæнджытæй бафсæстис Ирыстон? Ацы лæджы цæуылнæ арвыстой? — афарста Нинæ ц^еугæ- цæуын. — Цæвиттон, Мурту сомихаг лæппу у. Ирон æвзаг хорз нæ зоны, кæд йе ’ххуырсты бонтæ Ирыстоны ар- выста, уæддæр æмæ йын зын уыд ахуыргæнæгæй. Уæдмæ æрхæццæ сты Тугъантæм. Асины бын æр- лæууыдысты. Нинæ æвиппайды; фестъæлфыди æмæ лæплумæ æнгом æрбалæууыд: — Уæртæ уый чи у? Гаги фемдзаст уыцырдæм. Хæдзары фисыны аууо- нæй æрбазыны иу кепкæхудджын лæджы сæр æмæ та фæаууон вæййы. Лæппу йæм фæцæуæги, йæ фæдыл — Нинæ. Æнæзонгæ æхсæвдзу сæ куыддæр ауыдта, афтæ асæррæтт ласта æмбонды сæрты. Дзæнхъирд æхсæвы гæзæмæ рухсмæ йын Гаги ауыдта йæ бæрзондхъус цы- рыхъхъытæ æмæ йæ кепкæджын худ. — Чи уыди? — афарста Нинæ ныллæг хъæлæсæй. ’ — Æмæ гъа? Саутийы фырты хуызæн мæм фæкаст йæ ас æмæ йæ дарæсæй!.. — сагъæсы хъæлæсæй загъ- та лæппу. -—Саубон мыл, æмæ йæ махæй цы хъæуы, цæмæн зилы нæ хæдзары алыварс? —- тарстгъуызæй сдзырдта чызг, æмæ асины ’рдæм фæраст... 240
12. Æнæаххосæй—аххосджынтæ Тыхы дон хæрдмæ ласы. Ирон æмбисонд. Бон дзир-дзур райдыдта. Уалдзыгон арв тарæй-тар- дæр кæны, Хохыйас къуыпрагъ, саумигътæ, залиаг кæл- мытау здыхсгæ, кæрæдзийыл хилынц. Æлхынцъæрфыг сæурайсом бынтон ныджджих. Къæдзтæ-мæдзтæ судзгæ рæхыс дæргъæй-дæргъмæ ферттывта, арв æваст сæртæг къæр-къæр ныккодта, Къæртайы комæй калæгау, дуарæй къæвдайы сæхсæх æрбайхъуыст. Гаги фехъал, йæ хуыссæны фæбадæг. Йæ цæстытæ йæ уырзтæй асæрфта. Риссынц ын, раст сæ цыма змис бакалдæуыд, уыйау. Дысон редакцийы радгæс уыд. Газет сын суанг фæсæмбисæхсæвтæм дæр каст нæма фæци, уымæй дæр æнæбары рухсмæ. Гъе, æмæ ныр æрыгон лæппуйы уæнгтæ сты фæхты хосты хуызæн. Цы чысыл рæстæджы ма афынæй, уымæй дæр фыд- фынты хай фæци. Газеты уацтæй сæ иу: „Раргом ын кæнæм йе цæг цæсгом", зæгъгæ, " цыдæрхуызæттæй уадис йæ цæстытыл. Уыцы сæр-иу фестад сау хъулон калм. Ныхситт-иу кодта йæ даргъ лыстæг æвзæгтæй: „Уæдæ ма мæ раргом кæнут", куы та-иу Гагийы раздæ- ры ахуыргæнæг фестад æмæ йæ азымы дардта: „Уаих фæуай, ды дæр мæ нæ зоныс, чи дæн, уый? Тыхæй мыл адæмы знаджы гакк цæмæн кæнут?..4* Фæстаг хатт та йæм чидæр хыл^кæны: „Уыцы сыгъзæрин синагæн дыууæ дихы кæнæн нæй, уый куы зоныс, уæд æй ды цæмæн адих кодтай?!." Дзанæгайы фырт, йæ сынтæджы бадгæйæ, уыдæттыл куыд хъуыды кодта, афтæ йын йæ уаты дуар æрба- хостæуыд. — Ныртæккæ, чи дæ, фæлæу, зæгъгæ, фæкодта, фæ- лæ уæдмæ редакцийы цумайы лæппу дуар æрбакодта 16* 241
æмæ, сæрæй къæхтæм, бынтон лæцъирæгæй æрбахызт. Йæ чысыл тымбыл цæсгом йæ армытъæпæнæй æрсæрф- та æмæ загъта: — Редактор афтæ, тагъд, дам, ардæм рацу, * — Æмæ цы хабар у? — йæ дарæс кæнгæйæ афарста Гаги. — Нæ зонын. Уым хистæртæй чидæр æрцыд, нæ га- зет йæ къухы,, афтæмæй. Редактормæ цæуылдæр хыл. кæны, — ныллæг хъæлæсæй сдзырдта лæппу æмæ дуа- рæй рахызт. Гаги тагъд-тагъд йæхи ахсадта, асæрфта йæ цæс- гом къухмæрзæнæй. Къулы кæсæнмæ фемдзаст. Йæ иу цæст æнæхъæнæй дæр туджы зылдис. Рахызт йае фа- терæй. Дуарыл гуыдыр авæрдта æмæ уынджы фæцæуæг;' Уæззау сагъæсты утæхсæн кæиы. „Цы хабар хъуамæ уа? Хистæртæй дам, чидæр... нæ газет йæ къухыц. Ис- ты рæдыд дзы ацыдаид? Æмæ канд æз, æмæ корректор- тæ нæ, фæлæ ма йæ редактор дæр куы бакаст. „Æваец- цæгæн, „йе цæг цæсгом" кæмæн æргом кæнынц, уый бахъаст кодта, уый, чи ’мбæлы, ахæм хабар уаид. Тугтæ йыл фæмысыд уыцы автор"... Ахæм сагъæстимæ, тагъд къахдзæфтæ ,кæнгæ, къæвдайы дон йæ фындзы хъæ- лæй кæлы, йе ’фцæгготæй йæ чъылдымы лæдæрсы. Арв рæстæгæй-рæстæгмæ ныкъкъыбар-къыбур кæны, стыр хох ракæлæгау. Бахызт редакторы уатмæ. Сæкусджытæ иууылдæр— уым. Чи сæ бадгæ кæны, чи та — лæугæ. Гаги лæууы фæсдуар. Йæ къæхты бынмæ куы фæкомкоммæ, уæд хорзау нал фæци: ахуырст пъолыл дон мидæмæ, уаты ас- тæумæ, фæсуадон кæны. Лæппу иуварс алæууыд. Йе ’мкусджытæй сыбыртт никæй дзыхæй хауы. Редактор Гаси йæ булкъдаст сæрыл- йæ дыууæ къухæй ныххæцыд æмæ йе стъолы фарсмæ æгуыппæгæй бады. Æрæджиау йæ сæрыл схæцыд, æмбырды чи уыд, уыдоиыл йе 4нкъард, мæсты цæстæнгас ахаста, стæй сыстад. Газе- ты фæстаг номыр йæ къухы систа æмæ райдыдта: 242
— Æмбæлттæ, иудзырдæй, афтæмæй нын дарддæр кусæн нæй, Бæрндзинад не ’нкъарæм, нæй нæм боль- шевикон цырддзæстдзинад. Нæ газет’ алыгъуызон рæ- дыдтытæй вæййы йемыдзаг. Æмæ ма пунктуацион æмæ орфографион рæдыдтытæ афтæ фæуæнт. Æниу уыдон дæр бирæ хæттыты политикон ’рæдыдтытæм "сайынц. Фæлæ, æгæрыстæмæй, не стыр фæтæджы ном раст фыссын дæр нæ бон нæу. Æрбакæсут-ма, мæнæ йæ иу рæнхъæй иннæмæ æрдæгыл куыд хæссынц. Цыма, æнæхъæн галдзармыйас газеты фарсыл бынат нæй йæ ном æнæхъæнæй ныффыссынæн, уыйау. — Фæлæу-ма, æмæ цы кæны, дзырд раст дих куы’ у йæ уæнгтыл. Ау, растфыссыны фæткой та нал зонæм, —- тызмæгæй загъта газеты бæрнон секретарь. Редактор йæ сау æрфгуытæ скъæдзтæ кодта: — Фыццаг уый, æмæ уый дзырд нæ, фæлæ не стыр хуры ном у æмæ" йæ радих-бадих нæ хъæуы, дыккаджы та, цал хатты бадзырдтам, фæтæджы ном хицæн, бæз- джындæр шрифтæй æвзаргæ у! Махæн та кæм раст æвзæрст у, кæм та иумиаг лыстæг шрифтæй. — О, æмæ дысон радгæс чи уыдис, уый сæ цæ- уылиæ сраст кодта?! — æрбадзырдта чидæр. — Иудзырдæй, радгæс ’дæр.сæ не сраст кодта æмæ корректор дæр. Ардыгæй сæ бæрнон секретарь дæр бæстон куыстæй нæ арвыста. — Æмæ дзы мæ аххос та цы фæци? — фесхъиудта секретарь. Гаси стъолæй къухфыст сыфтæ систа æмæ йæм сæ дары: — Мæнæ, гъе, фæтæджы номы бын кæм нæ бахахх кодтай, уыдон равзæрстой хуымæтæджы шрифтæй, æм- барыс?! — О, æмæ уый цас стыр рæдыд у? — фæтъæлланг та кодта секретарь. ■— Цас, цæ, райсомæй нырмæ мæм телефоны цалдæр ранæй фæдзырдтой, сæ иу та ’ардæм æрхæццæ. Бам- Щ.
бæрстат?! Æз уыд’он раз дæдтын карз дзуапп, сымах та ам, мæ разы. Иудзырдæй, абоны рæдыдтыты тых- хæй дæр аххосджынтæ уæлæнгæйтты нæ аирвæздзысты. Гъе, ууыл фæци нæ фембырд. Иудзырдæй, ныр ацæут æмæ уæ алчи дæр бæстон ахъуыды кæнæд йæ куысты гъæдыл, — фæци йæ ныхас редактор æмæ бардзырдтæ фыссæн журнал æрбакуырдта. Рафæлдæхта йæ, ручкæ йæ къухмæ систа, хъуамæ аххосджынтæн æфхæрд ныф- фысса... фæлæ фыссæн йæ къухы ауыгъдæй баззад. Йæ фæтæн ныхмæ йæ армытъæпæн быцæу сывæрдта æмæ арф хъуыдыты аныгъуылд. Стæй Гагимæ фæдзырдта. Уый æрбацыд æмæ йæ разы сæргуыбырæй, аххос- джыны лæуд скодта. Æнхъæлмæ кæсы, цы йын зæгъ- дзæн, уымæ. Чи зоны æмæ йæ куыстæй бынтондæр ис- гæ кæны. Гаси йæм хæлар цæстæй скаст: — Лæппу, хатыр дын уæд, нырма æрыгон кусæг кæй дæ, уымæ гæсгæ. Ацу уал æмæ баулæф, дæ дарæс ссур кæн. Дæ цæстытæ куы ныссырх сты. Гъа, мæнæ журнал фæстæмæ йæ хицаумæ радт, — куыд загъта, афтæ телефоны дзæнгæрæг ныццагъта. — Хъусын! Сымахмæ? Ныртæккæ? Къухфыстытæ дæр? Хорз, фæцæуын. Арф ныуулæфыд, йæ сæр нынкъуыста. Газет æмæ къухфыстытæ йемæ айста, æмæ йæ уатьт дуарæй бæ- гъæмсарæй рахызт. Къæвда нырма дæр нæ банцад æмæ йæ даст сæрыл дон цыхцыртæй уадис, фæлæ йæ уый хъуыды дæр нæ кодта, йæ сагъæстæ йæ, згæ рæхысæй ласæгау, тыхæй ластой... 13. Хæхты рухс цырæгътæ судзы У фадат аразæг. Нагер. Хæххон хъæуæй чысыл дæлдæр суадонмæ æввахс донгъæрис байдзаг фæлмæипакъуы бабызы бур лæппын- 244
тæй. Чындздзон чызджы сыгъзæрин хъусцæджытæ йæ урс дæллагхъуыры сæрмæ куыд æнкъуысой, афтæ сæ ирдгæ уæздан узы. Къаннæг урс дзуарсы цæукъа йæ- фæстаг къæхтыл слæууыд æмæ уыцы пух бабызы лæп- пынтæм йæхи ивазы. Раст уыцы сахат айхъуыст кæйдæр, зæлланг хъæлæс: -^Дзæгъæс, хæлæттаг макуы фæуай! Рæзын сæ бауадз! Цæукъа æргæпп ласта æмæ иучысыл азгъордта, къуыпа æууилгæ, стæй йæ мидбынат фæлæууыд æмæ фæстæмæ фæкаст, йæ цурк боцъо иуырдæм фæзул. Æхсараты Тугъанæн йæ ех,с йæ къухы, афтæмæй йæ бæх идадзæй ласы суадоны ’рдæм. Хæрисмæ скаст æмæ цæукъамæ дзуры: —-Æй, æй, æй! Уæлæ йын йæ цъар дæр куыд ах~ сыдта! Худинаг дæм нæ кæсы,х худинаг? Æви ма дæхи дзыгы æнхъæлыс. Акæс-ма, дæ сыкъатæ арвыл куы ’мбæлынц.—Уый йæ цыма æмбæрста, уыйау æдзынæг хъуыста, стæй йæ даргъхъусджын сæр^ батылдта, чы- сыл бауасыд æмæ фалæмæ араст, сабыр къахдзæфтæ- гæн$&. Тугъан бацыд суадонмæ. Бæхæн йæ рохтæ йæ сæ- рыл баппæрста, йе *хтæнгтæ йын чысыл бауæгъд кодта, йæ ехс æмæ йæ сау уæлдзарм худ суадоны стыр агъуын- дæн къæйыл æрæвæрдта, йæхæдæг ныддæлгом; йæ армытъæпæнтыл æрынцад æмæ ихы къæртты хуызæн ’суадонæй ахъаззаг нынцъыхта. Куы сыстад, уæд цал- дæр стыр æртахы йæ даст роцъойæ рæсуг доны уæл- цъармæ æртагъдысты æмæ уым атадысты. Бæх цъæх нæууыл хизы. Рæстæгæй-рæстæгмæ йæ хуыррытт æр- байхъуысы. Æхсарайы фырт бæрзонд хъил дурыл æрбадт æмæ фæлгæсы комы нарджытæм. Хур акъули. Аууон бæз- джын, сыфтæрæфтыд хъæдыл схизы, цъæх денджызы хуызæн, уæрæх фæтæнтæм. Уалæ, бæрзонд арвы тыгъ* дады, фæсхохы ’рдæм, йæ базыртæй зæрин тæмæнтæ 245
калгæ, фæлёнк кæны æхсарджын, хæххон цæргæс. Куы та иу ран ныллæууы аемæ зæрдæдзæбæхæн хуры тын-, ты сæрибарæй йæхи найы. Бæлццоны хъустыл ауад кæйдæр хъæр: , — Ахуыргæнæг, дæлæ суадоны иу барæг. Тугъан фæзылд, къухаууонæй скаст. Чысыл уæлдæр къуылдымыл иу лæппу сычъийы лæуд кæны, йæ уæхс- кыл даргъхъæд джиркъа, афтæмæй. Йæ урс нымæтхуд ьш дымгæ фесчъил-фесчъил кæны. „Ацыхъæуы ахуыр- гæнæгæй Бæби кусы. Фæлæныртæккæ, хуыцаубонизæр,> ам цы мй хъуамæ кæна?! — асагъæс кодта бæлццон, стæй йæ худ æмæ йæ ехс систа æмæ лæппуйы ’рдæм фæраст. Схæццæ йæм. Йæ къух ын райста æмæкъуыл- дымæй афæлгæсыд. Уæртæ’ суанг хъæуæй рацыд ног- къахт фæндаг. Ныр мæнæ суадонмæ æрбаввахс, фæси- вæд æй гæрдынц. Сæ белтæ, æрдæбоны цæргæсы ба- зыртау, фæцæйныгуылæг хуры тынтæм ферттив-ферт- тив кæнынц сыджыт калгæйæ. Чи сæ бæгъæмсар у,- кæуыл - нымæт худ. Тугъан лæппу’мæ фæкаст: ^, — Цу-ма,гмæ хур, мæ бæх мын ралас, — йæхæдæг кусджытæм фæраст. — <Э, уе зæр хорз, æмæ фарн уæ хъуыддæгты! Фæсивæд сæ куыст фæуагътой æмæ йын бузныг загътЬй. Тугъан йæ цæстæнгасæй Бæбийы агуры, фæлæ уым нæй. „Ау, ахуыргæнæг, зæгъгæ, куы фæхъæр код- та уыцы лæппу, уæд кæм ис?" — дзырдта йæ мид-зæр-- дæйы. Хъæуы ’рдæм фæкаст. Уæртæ фалдæр, ногарæзт фæндаджы астæу, иу лæг бадгæ кæны, иннæ уæлдæфы стыр бæлто бæрзонд фæхæссы... Тугъан сæм г йæхи байста, сæ цурмæ бахæццæ, æрлæууыд æмæ сæм æдзы- нæг кæсы. Фæндаджы ногкъахт сыджыты бынæй ыс- зынд егъау дуры сынæг. Бæби тъæпæн бады. Йæ къухтыл ис урс хæлын æрмкъухтæ. Бураегæнæн ысчъилсæр ломы лыггаг дары дуры тæккæ астæумæ. Иннæ, милрихи, фæтæнтæконд 246
лæппу ёæлто бæрзонд фæхæссы æмæ ломы сæрæн — дзæхст/ Лæппу буры тымбыл æрзилы, ныридæгæн æр- :мæрины онг ныффардæг дуры хъæбæр риуы. Бæбиитæ Тугъаны нæ уынынц, нæ сæм дзуры уый дæр, æрмæст сæм мидбылты худгæ кæсы. Лæугæ чи кæны, уыцы лæппу бæлто куы нырриуыгъы, уæд Тугъан дæр йæ сæр æхсызгонæй фæныллæг кæны. Æрæ- джиау фæлæууыдысты. Бæби бурæйы бынаты лыстæг дурыссад калы, афтæмæй йе ’мбалмæ дзуры: — Цæугæ,' динамит æмæ фитель рахæсс. Уый йæ хид асæрфта, йæ дзæбуг æрыппæрста æмæ .хъæуырдæм фæраст. — Гъе, байриат, хохгæрдджытæ! Бæби исдуг фæтыхст, стæй фестад, йе ’рмкъухтæ зæххыл авæрдта æмæ Тугъанмæ йæхи æрбаппæрста, йæ къух ын йæ дыууæ тыхджын дæрзæг армæй нылхъывта: — Дæ хорзæхæй, æвиппайды кæцæй фæзындтæ?! — Зæххы бынæй, зæххы, мæ хæлар! — загъта Тугъан <æмæ йын йæ уæхск æрдаудта: — Бæби, мах дæ ахуыргæнæгæй куы рарвыстам æмæ ды та бурæгæнæг куы дæ, фæндæгтæ куы аразыс, — сæрыстыр æмæ æхсызгонæй загъта уазæг. — Гæнæн нæй! Иры хæхты ахуыргæнæг хъуамæ алы куыст^æ дæр рæхса. Цæрæибонты ацы суадонмæ иу- къахвæндаджы йедтæмæ нæ уыд. Цал æмæ дзы цал стуры -ахаудта, уæлдайдæр, ’зымæг мит куы ныууары, уæд. Гъе æмæ йæ ныр мæнæ афтæ райгæрстой фæскомцæ- дисонтае. Хорз уаад, милитыл æй хъæумæ бауадз, фæ- лæ уал уый нырма фидæны хъуыддаг у. — Æмæ бур кæнын та кæд сахуыр дæ? Ёæбй бахудт. — Куы дын æй дзырдтам. Иу аз Рукъмæ фæндаджы куысты, — О^ о, Гагиимæ Рутенмæ куы куыстат. Кæсут, кæм дын (сбæззыд. Æцæгдæр, ’ныртæккæ нæ хъæууон ахуыр- гæнджытæ алы хъуыддагмæ дæр хъуамæ арæхсой. Нæ 247
хæхты фыдæй фæстæмæ фæндæгтæ кæй нæй, уый йæ фосæй, адæмæй æрдæг фæкодта* Фæндæгтæ сты бæс- тæйы царды тугдадзинтæ æмæ хъуамæ, зæрдæйы цæ- фау, кусай æнæкъуылымпыйæ. Уæдмæ хъæумæ чи ацыд, уыцы лæппу фæстæмæ- рахæццæ. Бæби хæлæн æрмæг’ райста. Амонал ныннадта. дуры хуынчъы, фитель æм баиу кодта, уæлийæ йæ æнгом ахгæдта æлыгызмæстæй. Фителы кæрон дæлвæндаг дæлиаумæ айвæзта. Кусджытæм йæ ’къух фæтылдта, уæхи æдас ранмæ айсут, зæгъгæ. Йæхæдæг фителы кæроныл зынг афтыдта. Уый, калмау сыфсыфгæнгæ, куы азгъордта, уæд Бæби дæр йе ’мбал æмæ Тугъанимæ- фæскъуылдыммæ сæхи аппæрстой. у Бирæ.æнхъæлмæ кæсын сæ нæ бахъуыд. Уайтагъд. гæрах кæмттæ æмæ къæдзæхтæ ныццарыдта. Стыр ду- ры фæзгъæртæ уæлдæфы, гæлæбутау, атахтысты, лыс- тæг схъистæ, ихуардау, æрызгъæлдысты. Æхсты бы- нат стыр уæрмæй азз’ад. Йæ сæрмæ бурбын рыг уырдыг ныллæууыд. Кусджытæ йæм алырдыгæй æрбакалдысты... ...Тугъан æрфысым кодта йæ рагон хæлар Асæго- мæ. Уайтагъд æртыкъахыг фынгыл февзæрди цыхт^ хъæбæр кæрдзынтæ æмæ цæссыджы хуызæн рæсуг карз арахъхъы авг. — Бахатыр нын кæн, хъæддзауы къæбæртæ уал дын авæрдтам, — загъта æфсæрмытæгæнгæ хæларзæрдæ- æфсин Асинет, стæй уæрæхком сыкъамæ арахъхъм хъæл-хъæл райхъуыст. — Æри-ма, æфсин, дæ дзаггарз ардæм. Ды де зæрьг ’зылдтытæм акæс. Ам уазæг ничи у. Асинет авг стъолыл æрывæрдта æмæ бахудти^ — Зылдтытæ дæр зæгъай, фæлæ та нын а зæр ликбез- дæр ис. Иæ лæгмæ фæрсæджы каст бакодта æмæ афтæ: — Дæ нывонд фæуон, Тугъан, уым цымæ не ’взæр лæппуйыл æрæджы дæ цæст не схæцыд? Ныр дзы цаЛдæр мæйы ницыуал бæрæг зонæм, стæй нæ чызгæй дæр. 248
— Хæрз æрæджы Гагийы институты федтон, æндæ- рæбон та йын газеты’ йæ ног æмдзæвгæ кастæн. Саг лæппу у, уæ зæрдæ йæм ма ’хсайæд. Гъе, гæды ныхас, чызджы нæ федтон, фæлæ йын цæмæй тæрсут, ахуыр кæндзæн, æндæр... — Мæ фæрстæ йын фехæлой! Гаги райсомæй кусгæ кæны, изæрæй та — ахуыр. Уый кæй бон у, кæй, зæгъгæ^ фæкодта Асинет, стæй къуымæй къæрта райста æмæ дуармæ рахызт. Асæго акуывта æмæ сыкъа уазæгмæ дæтты. — Хорз къухы ис, мæ фыдыстæн, — сдзырдта Ту- гъан æмæ йыл йæ уæлармæй чысыл фæстæмæ ахæцыд. Асæго сыкъайы хуылфмæ ныккаст, чысыл алæууыд æнæдзургæйæ, стæй райдыдта: — Цæй, уæдæ нæ хуыцау æмæ Уастырджийы хор- зæх уæд! Хорз лæджы куывтытæ ныл æрцæуæнт. Æгас нæм цу алы хатт дæр, Тугъан, — загъта фысым æмæ йæ сыкъа анызта. Ногæй йæ айдзаг кодта æмае йæ уазæг- мæ аваердта. — Дæ уæздан арфæтæ æрцæуæнт, Асæго, дæ хæ- дзарыл æмæ кæй уарзыс, уыдоныл. Афтæ-иу уæ алы хатт дæр æнæнизæй цы æрбаййафон, уыцы амонд мæ уæд, — анызта сыкъа æмæ ма дзы цы чысыл цъыртт аззад, уый тæвд пецы фарсмæ фæцарæзта. — Гъа, уе знæгтæ афтæ! — Хæлар, хуыцауы хæлар! Дæ фыдыстрæн, уыцы æнахуыйæн къæбæртæй саход, — бахатыд æм фысым, стæй йæ афарста: — Махæн цæй знæгтæ ис, фæлæ газеты цыдæр адæмы знæгты, цыдæр троцкистты кой фæкæнынц. Дæ хорзæхæй, чи сты, цы сæ цард сæ сæры бацыд? Ау^ нæ хицауады ныхмæ ма чи тох кæны, ахæмтæ дæр ма * ис не ’хсæн? Мах ^ей нæ сырх тугæй куы балхæдтам,— йæ цурк боцъо æрлæгъз кодта фысым. Тугъан йæ къæбæр фынгыл æрывæрдта. Йæ русы носыл та йæ арм æрхаста. Иудзæвгар сагъæсты аны- гъуылди, стæй арф иыуулæфыд. 249-
.— Цы дын зæгъон? Знæгтæ ис, æвæццæгæн. Фæлæ дзы, дыма, ахæмтæ дæр бахауы æмæ, дæхи загъдау, сæрибары сæрыл йæ туг чи калдта, йæ сæр мæлæтмæ чи лæвæрдта. Гъе æмæ æз дæр ацы хъуыддаджы бирæ цыдæртæ не ’мбарын!.. Нæ зонын, цы дын зæгъон... - Уæдмае Асинет æхсыры къæрта æрбахаста, къуымы йæ æрæвæрдта æмæ сдзырдта: — Бахатыр кæн, Тугъан, æз уыцы ликбезмæ ауайон. Нæ ахуыргæнæгæй худинаг у, æндæра... Нæ лæг, дæ- уæй йын зæгъдзынæн, зæгъгæ, нæм уазæг ис æмæ... .— Фæлæу, фæлæу, мах дæр уырдæм цæуæм. Мæн Адрухском, уæ районы ахуыры хъуыддаг куыд цæуьг, ■ уый бæрæггæнæг рарвыста. Ныр æнæхъæн къуыри æн- дæр хъæуты уыдтæн, — загъта Тугъан æмæ фынг схорз кодта: — Хуыцау, а хæдзарæн æххуысгæнæг у. Рараст сты скъоламæ. — Тынг хорз лæппу у нæ ахуыргæнæг. Алчи дæр æй, йæхи хъæбулау, уарзы, —-дзуры Асæго, уазæджы фарсмæ цæугæйæ. — Уый мæ уырны, фæлæ æндæрæбон иу хъæуы цы худæг хабар федтон, уый дын хъуамæ радзурон, — загъ- та Тугъан æмæ Асæгойы цонгмæ бавнæлдта: — Фæцæуын скъоламæ. Хъуамæ- иу урокмæ байхъу- <юн. Æнæнхъæлæдлсы мæм къласы фæрссагæй фæзынд щ æрыгон, хæрзконд лæппу. Лæууы ахуыргæнинæгты раз хъамалвæстæй. Йæ уæлæ — донгъуыз цухъхъа, урс -куырæт. Халас бухар худ йæ рахиз сæры фахсыл гæ- зæмæ фæкъул. Æз æрлæууыдтæн æмæ дзы мæ цæст нал исын. Уый къулыл картæйы размæ бацыд æмæ сабитæн хъамайы фындзæй цыдæртæ уынын кæны. Уæд. мæ мæ цурмæ йæхи æрбайста иу ацæргæ лæг. Ныллæг хьæлæсæй сдзырдта: 1 — Æгас цу, уазæг. 1Æз æм фæзылдтæн: ’— Стыр бузныг! Ам исты фæкусыс? — О, скъолайы хъахъхъæнæгæй. 250
— Æмæ уæ ахуыргæнæг алы бон дæр хъамайы фын- дзæй афтæ фæамоны? , — Нæ! Ацы урок куыддæр фæуа, афтæ уæртæ фал- лаг хъæумæ чындзхæссæг цæуинаг у æмæ йæ балцы дарæс, æвæццæгæн, раздæр скодта, — схуыфыд зæронд лæг æмæ мæм дызæрдыджы цæстæй æрбакаст. Æз фе- фсæрмы дæн æмæ мæхи райстон. — О, æмæ, ахуыргæнджытæ ирон дарæсы куы цæ- уиккой, уæд уым æвзæрæй цы ис? —бахудт Асæго. — Æвзæрæйницы, фæлЗе æрмæст хъамалвæстæйнæ... Æрхæццæ сты. Скъолайы кълæстæй иу йæ тæккæ дзаг у адæмæй. Тугъаны куы ауыдтой, уæд сыстадыс- ты. Уый сын салам радта, стæй сæ йæ къухы фæтыл- дæй æрбадын* кодта. Фыссæн фæйнæджы раз лæууыдис колхозы сæрдар Басыл. Исдуг уазæгæй фефсæрмы сты уый дæр, æмæ сæ ахуыргæнæг Бæби дæр, стæй сæ куыст дарддæр кодтой. Басыл фæйнæгыл фыссы: иНæл арс мыд хæры..:" Ликбезонтæ ныггуыбыр сты æмæ алчи йæ теграды фыссы. Нæлгоймæгтæй бирæ- тæн фæтæгены цырагъы рухсмæ сæ урс къæмисæнтæ бæрæгæй зынынц. Бæби партæтыл зилы æмæ куы иумæ ныккæсы; куы — иннæмæ, иуæй-иутæн сæ къухыл ныххæ- цы æмæ сын сæ тетрæдты хъæрнывтæ æрзилы. Тугъан кæсы æдзынæг æмæ йæ зæрдæ цинæй бан- дзаг. Иуæй, Ирыстоны æппæт адæм ахуырмæ кæй ныг- гуылф кодтой, уымæй, иннæмæй та цалдæр азы размæ йе ’ххуУрсты лæдзæг кæмæн аппарын кодта, уыцы Бæби ныр хæххон адæмы ’хсæн тæмæн рухс цырæгътæ ссыгъта. У сæ туг, се стæгæй, сæ алы хъуыддагыл дæр тайы æмæ ’руайы, ног адæмон инттеллигент. Фæстаг партæйæ иу урсдадалиджын ус йæ къух сдардта. Бæби йæм фæдзырдта, иы дæ хъæуы, зæгъ- гæ? Уымæн йæ тæнæг былтыл мидбылхудт ахъазыд, афтæмæй афарста: —-Дæ нывонд фæуон, ахуыргæнæг, цымæ сыл арс . мыд нæ уарзы? 251
Æгас кълас æмхуызон ныххудтысты. Тугъанæн дæр фырхудæгæй йæ цæстысыгтæ æркалдысты æмæ Бæби- ( йы ныллæг хъæлæсæй афарста: — Дæхæдæг æрымысыдтæ уыцы цæвиттон?* Уый йæм чиныг æрбадардта: - — Нæ, мæнæ фыццаг къласы ахуыргæнæн чиныджы ис, — æмæ йæ мидбылхудты йæ урс дæндæгты дыууæ рæнхъы фæзындысты. 14. Цæссыгты тæдзынæг : 7 Хорз ш ракæн^ * æмæ фыд ма ссарай. Æмбисонд.. ^ Уæзласæн машинæ, бæлццæттæй йедзаг, афтæмæй æрлæууыд горæты кæрон. Лæппутæ уайтагъд æргæп-/ пытæ кодтой. Фæкастысты сылгоймæгтæ æмæ ацæргæ лæгтæм гуыффæйæ æрхизынæн. Чидæр сæ Тугъанмæ дæр йæ къух фæдардта, фæлæ уый йæ худыл йæ бæр- зонд ныхы сæрмæ уæлдæр фæхæцыд æмæ уарийы тахт ракодта, зæххыл æмраст алæууыд. Йæ фæтæн бур роны аргъæвæджы дыууæ фарс йæ хистæр æнгуылдз- тæ фæцавта æмæ йæ игæргъуыз сгæллад хæдон фæр- сырдæм алæгъз кодта, стæй, йæ пæлæз йæ галиу цонгыл, афтæмæй кабинкæйы дуарæй шофырмæ бадзырд- та: я * ■— Æфсымæр, мæнæ дын æхца мæхицæн æмæ,. дæ цуры цы зæронд ус бады, уымæн. — Уанцон нæу, дæ нывонд фæуон! Дæ бынаты мæ сбадын кодтай æмæ ма мын ноджы фидгæ дæр кæнай?! Нæ, мæ судзгæ мæрдтыстæн, -лзагъта зæронд ус æмæ цыдæр урс хæцъилы бастимæ архайы. — Ницы кæны, мæ мады хай, зæгъгæ, фæкодта Æх- сарайьгфырт æмæ æхцатæ шофыры къухты фæсагъта. ^ Изæрмилты Тугъан булвары сæрæй куыддæр ных- хызт, афтæ йыл хæрхæмбæлд фæци Гаги. 252
— О, зæрдиаг салæмттæ дын дæ ныййарджытæй. Дзæбæх сты, раст саджы хуызæн. Æрмæст дæу æмæ дæ хомæ сæ зæрдæ æхсайы. Сымах та’ сæм, æгæрыс- тæмæй, писмойы гæппæл дæр нæ фыссут, — дзуры худæндзастæй бæлццон. Гаги йæм æнкъардгъуыз æмæ тарæрфыгæй йæ къух радта. — Лæппу, цы кæныс? Исты ахæм хабар?.. — Хорзæй ницы, — ныллæг хъæлæсæй сдзырдта Гаги æмæ сæ ,алыварс ахъахъхъæдта... — Ау, уæддæр?.. — Дысон, бонырдæм, æрцахстой нæ редакторы. — Цæмæн/ цæй тыххæй, ничи ницы дзуры? — Æмæ гъа? Уый размæ, дам, æй цалдæр хатты азымы дардтой газеты цыдæр рæдыдтыты тыххæй. Уы- имæ, дам, газетмæ цы ^арз критикон æрмæг цыдис адæ- мы знæгтыл, уыдон афоныл рухсмæ нæ уагъта. Цæуынц Гагиимæ фæрсæй-фæрстæм, æнæдзургæйæ. Алчи дæр сæ йæхи сагъæсты ныгъуылы. Æрæджиау Тугъан афарста: — Æмбырд, æндæр уын ницы уыд? — Куыннæ! Абон фæссихор газетты æмæ журналты кусджытæн — иумæ. Уыдис нæм хицауадæй иу лæг. Адæмы знаг, дам, цалдæр азы уе ’хсæн халæн куыст кодта. Большевикон цырддзæстдзинад, дам, уæм нæ разынд æмæ йын куырмæджы йæ маргæйдзаг амындтæ æххæст кодтат... Радзырдтой махæй дæр чидæртæ. Сæттæм, дам, цырддзаст кæй не стæм, ууыл, æмæ, зæгъ, ныр цыбыр рæстæгмæ аиуварс кæндзыстæм нæ* редакторы знагиуæгон архайдтыты фæстиуджытæ. Уæдмæ æрхæццæ сты хæдзармæ. Саутийы фырт та, раст ибонау, фисынгæрон лæууыд... Куы сæ ауыдта, уæд иу уысммæ фæтары. Йæ аууон ма мæйрухсмæ дæргъæй-дæргъмæ фæзынд къулгæронГ.. Тугъан сæ асины схизæны джихæй баззад! Гаги та йæ. фатерырдæм Лæхи айста. Куыд цыд, кæуылты, уымæн ницы зыдта. 253
Йæ хъуыдытæ алырдæм ныссаджилтæ сты... „Цымæ Гаси мæн дæр редакцимæ уый тыххæй ракодта, цæмæй мæ йæ марг хæлуарæджы тынты стуха?.. Фæлæ; цæмæн, цæмæн? Уый дæр мæгуыр хæххон лæджы фырт куы у, Советон хицауад æй куы слæг кодтаа... Нæй, æппындæр ницы æмбæрста æрыгон лæппу æппæт ацы æбуалгъы хабæрттæн... Тугъан сæ хæдзары къæсæрæй.бахызт мардæрцыдьг хуызæнæй. Йæ зæриндзыкку æфсин уайтагъд базыдта> . йæ лæджы зæрдæйы цыдæр уæззау сагъæс кæй ис,.; фæлæ йæ нæ бафарста. Зоны йæ, ахæм раестæджы;, цалынмæ æруазал уа, уæдмæ йæм дзурæн нæй. Тугъан йе ’ттаг хæдон раласта æмæ хихсæнмæ ра-г хызт. Уайтагъд æрбайхъуыстыты йæ сæртæг пыррыч- ’ чытæ æмæ цыхцыры сæхсæх. Йæ ус ын йе ’рбацыдмæ цыхт æмæ дзул æрæвæрд- та, сæ фарсмæ — фæздæгкалгæ цайы агуывзæ. Лæп æрбадт. Йæ русы носыл та йæ армытъæпæн æрсæрфта’ æмæ афтид цай хуыппытæ кæнын райдыдта. Æфсин раст кодта йæ ахуыргæнинæгты тетрæдтæ æмæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ йæ цъæх цæстытæ разылдта йæ лæджы ’рдæм. Фæндыд æй, цæуыл тыхст у, уый ба- зонмн, æниу æй цыма хатгæ дæр кодта... Тугъан йæ цайы агуывзæ хуыппытæ куы фæци, уæд сыстад, йе *фсины цур æрлæууыд, йæ уæхскыл ын йæ къух æрæвæрдта æмæ йæм æиæдзургæйæ æдзынæг кæсы, стæй æрæджиау афтæ: — Зоныс, Гасийы æрцахстой. — Зоньтн æй! — æнкъардæй сдзырдта ус. — О, æмæ цы хабар у, цы? Ау... мæнг нæ фæзæ- гъынц: хорз ма ракæн æмæ фыд ма ссарай... — Нæ зонын, — цыдæр азымыдарæгау загъта ус, — æз æнæпартион дæн, ницы йын æмбарын. Æвæццæгæн сын афтæ хъæуы. Тугъан уаты къуымты азылд, стæй иу ран æрлæу- у^д æмæ афтæ: 254
— Æмæ цымæ ацы хабæрттæ иууылдæр уæллæгтæ зоньщЦ? Ус йæ уæхсчытыл хæрдмæ фæхæцыд, йæ тетрæдты къона систа æмæ фаллаг уатмæ бахызт. Къæсæрыл’ ма фæлæууыд æмæ йæм саст, фæлæ уарзæгой хъаёлæсæй радзырдта: — Дæ уат.конд у æмæ схуысс. Хæрæхсæв у... Тугъан та æрбадт. Йæ рахиз къух я æнгуылдзтæй стъолыл барабан цæгъдæгау кæны. Йæ цæстытæ : йу’ ранмæ ныццавта. Йæ къæмисæнтæй куырдадзы дзæбу* джы дзæхст-дзæхст хъуысы. Суанг фыййауы бонтæй нырмæ цыдæриддæр бавзæрста, уыдон иууылдæр йæ рæзты згъорынц æнæаскъуыйгæ. Куы меньшевикты ных- мæ фæцæйтæхы йæ цъæх æфсургъыл, топпæргъæвдæй сырх тырысайы бын, куы Бургъустаны урс хъазахъхъаджы кардимæ йæ фæринк фæдзуарæвæрд вæййы, сæ цæхæр-' тæ, арвы стъалытау, ферттивынц; куы йæм стыр дуры фарсæй разыны кулачы къæрæбины сау дзых... Йæ сæр банкъуыста, цыма цы хъуыдыты хæлбурцъ: кодта, уыдонæй йæхи ратонын хъавыд, стæй йæ разæй газет райста. Йæ разз г уацы сæрыл йæ цæст рахаста: „Бæрзонддæр сисæм большевикон цырддзæстдзинад". Чысыл фалдæр та: „Стахановон змæлдæн’ — уæрæхдæц фæндаг хъæууон хæдзарады". Тугъан рафæлдæхта йннæ фарс, кæсы æндæр уацтæ. Куыдфæстагмæ газет йæ къухтæй æрхауд, йæ фæтæн ных стъолмæ æруагъта. Исдугмæ ма къулы сахаты иу- гъæдон цъыкк-цъыкк хъуыста, стæй бынтондæр бафынæй. Фыиы йæм йæ чызг Нинæ æрбацыд тарстгъуызæй. Йе ’фцæджы ныттыхст æмæ йын кæуынхъæлæсæй лæгъ- зтæ кæны: „Абои дæ цуаны нæ ауадздзынæн. Уыцы хæхты иунæг сычъи дæр нæй. Тугдзых тигртæ дзы зыхъхъырдзыхæй, рагæппæввонгæй хъузоны бадынц. Ма ацу, мæхи бабац,—пъатæ йын кæны цæссыгкалгæ. Уалынмæдуар ныххостæуыд. Тугъан фесхъиудта. Йæ цæстытæ аууæрста æмæ лыстæг айхъуыста, стæй 255
къулмæ скаст — æхсæвы цыппар сахаты. Чи хъуамæ хо% йа ацафон? Уый, æвæццæгæн, мæ хъустыл ауад". Фæлæ та ногæй тынгдæр ныххёстæуыд дуар. — Ныртæккæ, зæгъгæ, фæкодта лæг. Йæ хæдон йæ уæлæ æрæппæрста, рон æрбабаста æмæ дуар кæнынмæ фæраст. Сæ къухты ливортæ, афтæмæй хæдзармæ æрбагæпп ластой дыууæ лæджы, сæ фæстæ — дыууæ гæрзифтонг лшлиционеры. — Ахст дæ! Цæуынмæ дæхи арæвдз кæн! — сæхæ* дæг фыссæн стъолы. лагъзытæ ракалдтой. Цыдæр гæх- хæттытæ дзы сæхимæ æвæрынц. Тугъан джихæй аззад, стæй иннæ уаты дуармæ бакаст. Уым къæсæрыл мæрдвæлурсæй лæууы йе ’мкъай, йæ иу цонгыл палто, иннæуыл хъæццул, афтæмæй. , — Æри сæ, —- сдзырдта фидар хъæлæсæй æмæ сæ райста. Рахаста ма йын баз дæр, фæлæ йын æй æрба- цæуджытæй иу йæ къухтæй стыдта, къуыммæ йæ фехс- та: — Æххæст ма дæхæдæг дæр ’йемæ рацу! — Цæугæ!.. Уый ма иу зылд фæкодта: — Чызгмæ дæ хъус дар. Æз тагъд зындзынæн, кæд Ш зæххыл рæстдзинад уа^ уæд. Ус иу сыбыртт дæр не скодта, афтæмæй уаты ас- тæу, дурдзавд æмæ æрттæдæлармæй баззад. Æрмæст йæ сау цæссыгтæ йæ фындзы хъæлæй тылдысты. Хъуыс- ти къулы сахаты иугъæдон цъыкк-цъыкк. 256
15. Дыууæ зынджы астæу Уарзондзинад, дам, тарниз æфтауц. Æмбисонд. Фæсахсæвæртæ. Нинæ анцой кодта сæ кæройнаг уа- ты балкъоны гæзæнхъæдыл æмæ афтид, æхсæвхуыссæн хæдоны лæууы æнаесыбырттæй. Йæ сыгъзæрингъуыз бæзджын дзыккутæ йæ дзæнхъаурс уæхсчытыл уæгъ- дæй .æркалдысты. Мæйрухсмæ зыны аргъæутты алæ- .мæты чызджы хуызæн. Уый дæр-иу фыццаг хуры сæм- бæлдмæ йæ зæрин дзыккутæ мæсыджы сæрæй афтæ ракалдта... Йæ цæсты хауы даргъ æрдуйыл иу стыр, рæсуг ’цæссыг æрцауындзæг æмæ уый дæр, йæхиау, æнцад кæсы саердыгон, æгуыппæг æхсæвмæ. Тугт>аны æрцахсты фаестæ сын сæ уæттæ байстой. Ныууагътой ма сын мæнæ ацы кæройнаг хатæн. Сæ хæдздрмæ йæ цалдæр азы размæ сæхæдæг бафтыдтой исты мигæнæнтæ æрывæрынæн. . Нинæйы мад йæ ахуыргæнинæгты тетрæдтæ раст кæны. Уæвгæ йын, раздæрау, бирæ нал сты: йæ уроктæ йын иугар-дыгай æндæр ахуыргæнджытæн фæлæвæрд- той. Чы^г æмæ йæ цæссыг лæууынц æдзынæг, иу дæр дзы йæ бынатæй не змæлы. Нинæ алы сабатизæр дæр æрбацæуы йæ мæгуыр, зæрдæрхæндæг мадмæ. Йæ фыды æрцахсты фæстæ фыццаг хатт куы æр- хызт, уæд автостанцы зонгæ чызг æмæ лæппуйы бай- йæфта. Салам сын радта æмæ сæ худгæйæ афарста: — Сымах билеттæ райстат? Уыдон æм ницы сдзырдтой, цыма йæ æппындæр нæ зыдтой, уыйау, кæрæдзимæ бакастысты æмæ сæ бы- нат аивтой. Нинæмæ дис фæкаст сæ ахаст, стæй би- леттæисæн кассæйы раз æрлæууыд. Автобусы дæр 17* 257
амбæлы йæ зонгæтыл.-Салам сын радты, фæлæ йæм уыдонæй дæр бирæтæ не сдзурынц, чи та йын æрмæсг йæсæры чысыл фæкъулæй дзуапп радты, Чызг сæ уынджы куы ’рцæйцыд, уæд уым дæр аф- тæ. Сæ сыхæгты устытæй дуармæ чи лæууыд, уыдон, Нинæйы ауынгæйæ, сæ хæдзæртты фæмидæг вæй- йынц, дуар рахгæнынц. Схызт сæ асинтыл. Сæ уаты дуар — сургуч мыхуырæй æхгæд. Йæ чемодан балкъоныл æрæвæрдта æмæ, мæнæ ныртæккæйау, гæзæнхъæдыл анцой кодта. Дис кодта: кæм сты сæ бинонтæ? Сæ хæдзар æхгæд цæмæн у, зонгæтæ дзы сæхи цæмæн хизынц?.. Уайтагъд йæ зæрдыл æрбалæууыд "Калачы йæ лекторы æрцахст, уымæй дæр йæ фыды рагон хæлар... чГъе, æмæ æппæт уыдон ныр, ам, балкъоныл лæугæ* йæ, Нинæ ногæй æрымысыд. Куы-иу æрбацыд, уæд-иу ыл йæ уарзон фыд йæ тыхджын цонг æрбатыхта: — Мæ цъæхдзаст зæрватыкк, чызгæн дæр мын дьг дæ, æмæ лæппуйæн дæр... — Гаги-иу суанг Гурмæ йæ размæ ныххæццæ. Ныр æрбацæуы æмæ йæ мады æр- яæндæг, кæуындзаст цæстыты аныгъуылы. Йæ уарзон, раздæрау, йæ размæ нал рацæуы. Фембæлынц ма аехсæв, кæннод та искуы аууон ран. Адæмы знаджы чызг!.. Æппæт уыцы уæззау сагъæстæй йæ сæр ратонь^ йæ зæрдæ судзы. Фестъæлфæгау кодта, цæстыхаутæ фезмæлыдысты æмæ цæссыг цыма уыцы уысммæ æнхъæлмæ каст, уьь ’йау йæ размæ æргæпп ласта. Чызг уатмæ бахызт æмæ йæ мады афарста: — Цымæ Гаги та куыд æрæгмæ цæуы? Мад йæ фыссæн æрæвæрдта. Йæ чызгмæ йæ ц&’с- тытæ сзылдта: — Кæд Гагийы уарзыс, дзæбæх баззайа, уый дæ фæнды, уæд мауал æмбæлут. — Мауал? г. 1—6, мауал!..Æз ын йæхицæн дæр загътон. ’— Мамæ,— кæуынхъæлæсæй сдзырдта чызг æмæ 258
исдуг йæ дзырд йæ-хъуыры фæбадт, ~^æз ын мæ^ хæдæг дæр ныр цалдæр хатты дзырдтон, ферох мæ кæн, зæгъгæ, фæлæ та уый уæддæр, уæддæр..*— æх- хæст нал фæци йæ ныхас. Судзгæ цæссыгтæ йæ ных- хуыдуг кодтой æмæ йæ мады хъæбысмæ йæхи бап- пæрста. Уый йын йæ фæлмæн, зæрин дзыккутæ лæгъзытæ кодта, фæлмæн хъæлæсæй йæ рæвдыдта: — Ма ку, мæ хур, нæ хъæуы. Афтæ та нæ уыдзæн хъуыдДаг. Æркæсдзысты, равзардзысты æмæ дæ фыд рацæудзæн... Ау, йæ тохвæдтæ йæ цæсгомыл куы зынынц... Гагийæн та, ныртæккæ, афтæ хуыздæр у... Мад æмæ чызджы æхсæн ахæм ныхас куы цыд, уыцы рæстæджы Гаги бахызт органты кусæджы каби- нетмæ. Стъолы цурæй сыстад бæрзондгомау, дæргъдзæс- _ гом лæг æмæ ныллæгхъæлæсæй сдзырдта: — Сбад, æмбал Дзанæгайы фырт! .-— Гъы, æмбал! — лæппуйы хъустыл ауад кæйдæр былысчъил ныхас. Гаги фæкаст уыцы фаллаг къуыммæ æмæ Саутийы фыртимæ сæ цæстæнгæстæ, дыууæ тудж- джын знаджы æхсаргæрдта у, фæдзуаравæрд сты, цæ- хæртæ акалдтой. Сауимæ хистæр иу тызмæг каст фæкодта, стæй та уьщы сабыр хъæлæсыуагæй Гагийы афарста: — Цы хабæрттæ ис уæ редакцийы/Уæ ног редактор исты арæхсы?, — Ницы йын у, архайы, — дзуапп радта Гаги. — Ды та цæмæй кусыс редакцийы? — Æз фыццаг фыстæджыты хайады хистæр .уыдтæн, ныр та чсекретарæн феххуыс кæнын. — Æмдзæвгæтæ дæр ма фæфыссыс? — чысыл’ йæ мидбылты бахудт хистæр. — Куыннæ! Хицæн чиныгæй рауадзынмæ сæ цæттæ кæнын. — Фысс, фысс! Айразмæ æмбырды кæй бакастæ „Ок- тябрæн", зæгъгæ, уый тынг м& 13&рдæмæ.. фæЦыд, — 259
загъта хисдæр, сыс^ад æмæ уаты дыууæрдæм арацу- бацу крдта, стæй Гагийы тæккæ раз æрлæууыд: — Лирикон æдодзæвгæтæ нæ фæфь*ссыс, зæгъæм Æхсараты рæсугъд Нинæйæн?..—Æмæ дзуапмæ нæ’ банхъæлмæ каст, афтæмæй ног афарста: . — Нæ, фæлæ Æхсараты бинонти^æ рагæй зонгæ дæ? Уыцы фарстмæ Саутийы фырты хуыфын райхъуыст къуымæй. — Рагæй, 4 цалдæр азы размæ Æххуырстыты курсы- тæм куы æрцыдтæн, уæдæй нырмæ. — Æмæ куыд базонгæ стут? — Экзамецты рæстæджы сæм мæ фыдимæ бацыдыс- тæм. — Дæ фыдимæ? — сæнт фарст акодта хистæр. — О, мæ фыд æмæ’ Тугъан рагæй зонгæ уыдыстьк Суанг Бургъустаны дæр иумæ хæцыдысты. Хистæр йе стъолы цурмæ бацыд, лæугæйæ цыдæр афыста, стæй та уаты астæумæ азылд: — Тугъаны куы ’рцахстой, уый фæстæ дæр ма сæм вæййы дæ фыд? — Ам никуыуал уыдис æмæ сæм кæцæй уа?~ дзуапп радта Гаги. — Уый хыгъд, йæхæдæг алц ’хсæв сæ хæдзарæй йæ къах не ’вæры. Хъеллау кæны адæмы знаджы чызджы фæдыл,— йæ ныхас та æрбаппæрста Сауи. Гаги фестад, йæ цæсгом туджы азылд æмæ фæ- хъæр кодта: — Цыфæнды адæмы знаджы чызг уа, уæддæр дзьг дæуæн ницы пайда ис. Йæ удхæссæг дæ уыны Нинæ æмæ дзæгъæлы йæ фæдыл зилыс. Мах цы стæм, уый æргом, армытъæпæныл æвæрдау. Дæуау мæнг документ- тæй нæ кæнæм нæ цардвæндаг, — Мæнг зæгъыс, фыдгулы къæдзил! — фæхъæр код- та Сауи, йæ бынатæй фестгæйæ. Йе стыр сау цæстыты ф^гдæхдзинад’ ферттывта, йе ставд былтæ астæрдта. — Æмбал Саутийы фырт! Айс дæхи, кусын нæ ба- 260
уадз! — сабыр, фæлæ кардæй чъеппгæнæгау, загъта хис- тæр æмæ йæ бандоныл æрбадт. Сауи араст, дуаргаеронæй ма иу марг цæстæнгас æрбахста Гагимæ. — Æз дæр кæддæр дæ карæн уыдтæн. Уарзгæ дæр кодтон, чи зоны, дæуæй къаддæр нæ. Мæнæ зарæджы куыд фæдзурынц, уарзондзинад, дам’, тарниз æфтауьк Гъе, фæлæ ныртæккæ, мæнмæ гæсгæ, дæуыл Тугъьнтьт хъæдзармæ цæуын нал æмбæлы. Фербх сын кæн сæ чызджы дæр. Абон секретары æххуысгæнæг дæ, фæс-' комцæдисон, райсом партимæ бацæудзынæ, чи зоны, редактор дæр суай. Æмæ, дам, чи у,— адæмы, знаджы. сиахс. Кæсыс, куыдтæ цæуынц хъуыддæгтæ. Чызг дæ йæхæдæг* кæд æцæг уарзы, уæд уый дæр афтæ хъуамæ. бакæнид, йæхи дæ айсид. Гаги, зæхмæ кæсгæйæ, æнкъардæй загъта: — Уый мын рагæй лæгъзтæ кæны, ферох, дам, мæ кæн. — Кæсыс, æцæг зæндджын чызг. Æз дынтыхаей наа. кæнын кæнын ацы хабар, æрмæст дын амонгæ кæнын. Дæ хорздзинад мæ фæнды,— ф&ци йæ ныхас, йæ са- хатмæ æркаст æмæ Гагимæ йæ къух радта: — Æмбисæхсæвæй ахызтис. Сæрибар дæ, рæствæн- даг у. ’ Гаги йын хæрзæхсæв загъта . æмæ рацыди. Уынгты змæлæг дæр нæй. Йæ уæззау сагъæстæ йæ, стонг бирæгътау, æууилынц, „ферох сын кæн сæ чызджы", „адæмы знаджы сиахс"... Æмæ уый лæгдзинад у, сæ тыхсты сахат сæ сæрсæфæны былыл ныууадз?.. На- уæд мын мæ зæрдæйæ стонын бакомдзæн, мæ бон ба- уыдзæн?.. Æвиппайды йæ галиу фарс стыр сау нымæтджыны хуызæн ауыдта. Фæлæууыд, фестъæлфыд. Фæцæуы æмæ та уый дæр йемæ цæуы. Ногæй æрлæууыд, уый дæр та æрлæууыд... „Сауи та уа?и—асагъæс кодта... . Уæртæ ныр йæ фатер æрбазынд... Мæйрухсæй ау- уонмæ куы бахызт, уæд нымæтджын æрбатары.-. 261
16. „Æвзартæ" Чи йæ зоны рухсы фæстæ, Цы сау тар ныгъуылы? Æмбисонд* Сентябры райдиан. Гаги институты лекцитæй куы фервæзт, уæд, дзырд куыд уыд, афтæмæй фæссихорты хъуамæ фембæла - сæ литкъорды разамонæг, фыссæг Еммейыл. Йæ чингуытæ йæ, дæларм, афтæмæй рацæуы горæты уынгты. Дыргъдæтты йæм бæлæсты къалиутæй фæл- гæсынц сырхфарс фæткъуытæ æмæ бурбын, дурындзых кæрдотæ. Фыруæззауæй сæхи ивазынц сæ ныййарæг, зæхмæ. Бирæ ’ рæтты æмбонды сæрæй уынгмæ разæ- бул сты. Ахæм рæтты ГаГийы, цыма уæлдæфмæ æн- дон хъандзалтæ фесхойынц^уыйау фæгæпп ласы, æрыс- къуыны царвы хуызæн кæрдо, кæнæ сæлæф фæткъуы, - ныккомдзаг дзы кæны адджынæн. Йæ фæтæн дæндаг- вæд ыл бæрæгæй аззайы. Æрцыдыс фысджыты Цæдисы хæдзармæ. Бахоста уаты дуар къæзгæйæ’. — Мидæмæ! — райхъуыст æм чысыл - цæгатираг ны- хасыздæхт бæзджын хъæлæс. „Уым .и",— ахъуыды кодта æмæ цадæггай мидæмæ бахызт. Емме бадт йе стыр мыдгъуыз стъолы фарсмæ æмæ йæм ракаст йæ сыкъафæлгæт кæсæнцæстыты сæрты. • — О, Дзанæгайы фырт?!— Æрбад, дæ хорзæхæй! Уый йæ худ фæсдуар ауындзæны сиукыл æрцауыгъ- та æмæ арæхстгай æрбадт стъолы нннæ кæрон. Фы- сым дæрзæг, урсфистонджын æфсæйнагæй’ йæ сыгъ- дæг, фæтæнгомау, къухы ныхтæ даудта. Уыцы ардуан- гонд мигæнæн-иу сыл цадæггай, дæргъæй-дæргъмæ ауагъта, стæй-иу йæ ныхыл чысыл æрфу кодта. | ... Фæци ацы куыст. Йæ ныхтæсыгъдæггæнæн сæ- рак агъуды нывæрдта, Гагимæ хæларцæстæй бакаст: 262
— Ныртæккæ райдайдзыстæм,— загъта æмæ йæ разыг денджызы хъузджы хуызæн, æртхутæгдонæй сйста, -æвæццæгæн, уый размæ иу дыууæ дымды кæй скодта, яхæм папирос. Спичкæ уыдис стъолы галиуыр$1»1гæй кæрон лæугæ æфсæйнаг æвæрæны. Систа дзы иу хъæл, арæхстгай йæ æрсæрфта спичкæйы фарсыл, афтæ .арæхстгай дзы ссыгъта йæ тамако дæр, стæй сыгъдо- ныл чысыл ~афу кодта æмæ йæ æртхутæгдоны æрæ- вæрдта. Иу дæргъвæтин дымд скодта, арф сулæфыд. Æры- овæрдта йæ тамако æмæ стъолы лагъз раласта. Систа дзы бурбын папкæ, ныр къуырийæ фылдæр сæ къух- ты чи вæййы, уый. Ацы папкæйы уыдысты литкъордон- ты уацмыстæ. Хъуамæ сын рауагътаиккой иумиаг «æмбырдгон’д, Гаги уыд литкъорды старостæ æмæ йын мæй раздæр Емме загъта: — Æрæмбырд сын кæн сæ фыстытæ. Сæ хуыз’дæр- ты сын равзардзыстæм, иумæ сæ средакци кæндзыстæм •æмæ сæ чиныг рауадздзыстæм. — Хорз, зæгъгæ, ныфс бавæрдта лæппу, фæлæ йæ :миц-зæрды асагъæс кодта: ацы, зындгонд фыссæджимæ ^ез куыд редакци кæндзынæн, науæд исты куы зонон, уæддæр æм куыд бауæнддзынæн?.. Уыимæ сын инсти- туты партийы историйæ дæр лекцитæ каст æмæ дзы уымæй тынг æфсæрмы кæны. Гъе, фæлæ куыддæриддæр уыд, уæддæр ныр иумæ кусынц къухфыстытыл. Мæнæ та ацы изæр дæр рай- дыдтой. Емме цадæггай фæлдахыфыстыты сыфтæ æмæ афтæ зæгъы: — Нæ литературон фæсивæд нæма зонынц темæ æв- зарын,- нæй сæм фыссыны культурæ. Нæ адæммæ цы бирæ хорздзинæдтæ, бæллицаг æгъдæуттæ ис, уыдо- ныл нæ фыссынц, фæлæ дард, кæй нæ зонынц, ахæм рæттæм ахæццæ вæййынц. Бирæтæ дзы сæхи дарын дæр нæма арæхсынц. Афтæмæй та ирон адæмы уæздан 263 I
æгъдæуттæ фыдæлтæй фæстæмæ æмбисбндæй базза- дысты. Хорз ма мæ зæрдыл лæууы, революцйй&’ агъом-; мæ нæ хæххон хъæумæ Уæрæсейæ æрбафтыд цалдæр’ ахуыр лæджы. Фесты нæм цасдæр рæстæДжы. Сæ хъус дардтой не ’гъдæуттæм: хистæрты æмæ кæстæр- ты кæрæдзимæ ахастытæ, сылгоймаджы раз уæдæфсæрм, фынджы уæлхъус уæздан æгъдау, уазæгæн лæггад... Гъе, æмæ стыр дисы бафтыдысты. Сæ сæр иу ныт- тылдтой, ацы арф кæмттæм, дам, ахæм культурæ, ахæм уæздан æгъдæуттæ кæцæй æрбафтыдысты? Ныр уыцы бæллицаг æгъдæуттæй бирæты нæ фæсивæд нæ зо- нынц, нæ дæр сыл фысгæ кæнынц. Чысыл паузæйы фæстæ афтæ: — Знон, æнхъæл дæн, мæнæ ацы æмдзæвгæйыл æр- лæууыдыстæм: «Бадын дурыл хохы дагъы, Хъусын: дон чырчыр кæны,— Комæй зары, дур фæлдахы, Урс фынккалгæйæ тæхы. Уайтагъд комæй хъустыл сæмбæлд Хъæлдзæг фиййæуттæн сæ зард: «Гей, уæрæйдæ, си уæрæйдæ... Ралæууыд нæм ногæй цард!» . Йæ кæсынæй фæлæууыд аемæ Гагийы афарста: — Куыд дæм кæсы? — Ницы йын у „Комæй", „комæй" дзы а&гæр» арæх у. Стæй „сиуæрæйдæ" цы у? Емме та ногæй йæ тамако ссыгъта, иу зæрдæбьш улæфт дзы скодта æмæ загъта: ~ г- „Уæрæйдæ", æвæццæгæн, нæхи у, фæлаё „сии" ЦЬ1 у, ууыл ахъуыды кæнын хъæуы. Фæлæу-ма, Сымах- мæ заргæйæ „сйуæрæйдæ" нæ фæзæгъынц? —■ Кæстæр фæсивæд æй фæзарынц, фæлæ ацæргæ Лæгтæ—нæ. т-Æвæццæгæн нæм æрæджы æрбафтыдис, Цæй^. уадзæм æй уæд та —адæм æй дзурынц, уæД... Уæвгæ, „Бадын дурыл хохы дагъы", науæд „кома дйууæ хатт^ 264 •
\æр аив не сты... фæстæдæр ма сæм æркæсдзы<:тæм, ацæуæм дарддæр. „Фæстæдæр ма сæм æркæсдзыстæм*4-ЫЛ1 тынг не, ’ууæндыд Гаги. Æппæты фыццаг ын йе ’мдзæвгæтæ райдыдтой редакци кæнын. Уым дæр иу рифмæ йæ зæрдæмæ нæ цыд, фæстæдæр æм æркæсинаг уыдыстьт/ фæлæ нал... Цæвиттон, æмдзæвгæ йБæлццоныа-ы иу: куплет уыдис афтæ: «Цæуын æз дæр ыскæсæнмæ, Мæ цардуалдзæг — йæ конд. Цæуын, тындзын ыстыр зиумæ,— Кæм дзыллæ у æмзонд. Еммё уайтагъд бахахх кодта фæстаг рæнхъ æмæ йæ раивта: • ’ „Гъе, уым дзыллæ —æмзонд\ , Фæлæ канд уый нæ, куплеты дыккаг рæнхъмæ дæр сыздæхт, ныхъхъуыды йыл кодта, йæ тамако та сдымд- та, стæй та раивта: „Мæ ныфс дзы у бæрзонд". Гагийæн уыцы рæнхъы аивд уый бæрц йæ зæрдæ- ■ мæ нæ фæцыд æмæ йæ, æфсæрмытæгæнгæ, афарста: — Ахуыргæнæг, афтæ зæгъæн ис: „Мæ ныфс бæр- зонд у?" Емме æнæдзургæйæ алæууыд, стæй бахудт: — Раст зæгъыс, фæлæ ма йæм фæстæдæр æркæс- дзыстæм.—Уæвгæ, ацы æмбырдгонд Еммейæн кæронмæ йæхи къухæй куы рацыдаид, культы азар æй куынæ басыгътаид, уæд æм, чи зоны, æркастаид. Æгæрыстæ- мæй ма чиныгæн йæ номыл дæр ахъуыды кæнинаг уы: дысты. — Дзанæгайы фырт, — дзырдта уый, — нæ чиныджы ном „Æвзартæ" æнцонæй здæхы дзырд „Æвзæртæм", чи зоны йын æндæр ном æрымысæм. ... Изæры иумæ рацыдысты. Уыдис заманайы фæл- шст мæйрухс æхсæв. . 265
— Кæсыс! Цымæ ма Ирыстоны хуызæн ахæм уæз-1 дан, æгуыппæг æхсæвтæ искуы вæййы, — загъта Емме^ æмæталуаны раз фæзы иу фæхсбандоныл æрбадт, стæй,<) йæ тамакоимæ архайгæйæ, сдзырдта: ’ \ — Дзанæгайы фырт, рацу уал ардæм. Ахæм æхсæв хæдзармæ цæуын тæригъæд у, уæлдайдæр та дæхуы- зæн усгур лæппуйæн. Гаги йæ галиу фарс бандоныл дæрддзæфгомау æр- бадт. Емме арвгæрæттæм афæлгæсыд... — Тезгъогæнæн, / науæд та лирикон æмдзæвгæтыл сагъæсгæнæн æхсæв. Дæ’умае.афтæ’ нæ кæсы?—фæ-, зылд Гагийы ’рдæм æмæ йæ кæсаенцæстыты æвгтæ мæй- рухсмæ тæмæнтæ акалдтой. * — Де ’мдзæвгæты чиныг рауагъдадмæ нæма радтай? — лфарста Емме. — Куыннæ, дыууæ боны размæ. Ды ма мын æм куы "ркастаис, бæргæ,—лæгъзтæгæнæгау, загъта Гаги. — Æнæмæнг æм’æркæсдзынæн. Цахæм æмдзæвгæтæ дьш дзы ис фылдæр, лирикон, æвæццæгæн? Лæппуйы зæрдæ афтæ вæййы. Гаги ныфсæрмы, сусæг мидбылхудгæ. Емме .иудзæвгар ницыуал сдзырдта, стæй арфныу- улæфыд, йе стыр кæсæнцæстытæ йæ фæтæн фын- дзыл банæмæгау кодта æмæ райдыдта: — Гуры семинары куы ахуыр кодтон, уæд раст яхæм æвзистдзаст æхсæвты арæх æмбæлдтæн æмби- сонды рæсугъд чызг Цицишвилийыл, æви Цицианова уыд... Уый адæймаг нæ, фæлæ мæ цæсты зæд уыдис, зæд. Йæ иунæг фæкастæй дæр цыфæнды лæппу ата- даид. Рæсугъд канд уынд æмæ кондæй нæ уыд, фæ- лæ йе ’ппæт удыгъдауæй дæр. Гъе, æмæ æмдзæвгæ- тае фыссын дæр’уæд райдыдтор. Баисты мын æнæхъæн тетрадыдзаг ~ иууылдæр лирикон æмдзæвгæтæ, сæ фылдæр — уыцы зæды хайыл фыст. • 1 Гаги куыд бауæндыд, уымæн йæхæдæг дæр ницы базыдта, фæлæ йæ афарста: 266
— Ахуыргæнæг, æмæ уæдæ дæ чиныг „Кардæлвæс- тæй"-йы нæй ахæм лирикон æмдзæвгæтæ... Емме арф ныуулæфыд: — Нæй дзы, бæгуыдæр, нæй. Дыууынæм азы тохы бонты мьш кæмдæр фесæфт уыцы тетрадь. Уæд ма ууыл чи уыд? Топп ^æмæ кардыл хæст уыдыстæм... Уыцы лирикон сæгъæстæ, чи зоны, иууыл хорз нæ уыдысты, фæлæ сæ æвзонг зæрдæйы стъæлфæнтæ æнæмæнг сыгъдаид... Еммейы ацы ныхæстæм Гагийы зæрдыл æрлæууыд йæ цъæхдзаст рæсугъд Нинæ, ныр ын „ферох æй кæна кæмæй дзурынц, уыцы æмбисонды чызг, „Цы уа, уый уæда, — сфæнд кодта Гаги, — райсом та йæм æнæбацæу- гæ нæй... 17. Æвирхъау изæр Уæрмкъахæг дзы йæхæдæг хауы. Æмбисонд, Йæ фыды æрцахсынæй фæстæмæ Æхсараты Нинæ йæ мидбылты никуыуал фæхудти, Ныр сæрды каникултæ у, фæлæ уынгмæ дæр никуы рацæуы, æхсæвæй-бонæй бады сæ хæдзары. Йе свзонг зæрдæ сау масты арты судзы. ^ Уæлдай æнкъарддæр у а фæстаг бонты. Йæ хъустыл æрцыд, Гагимæ дæр уый тыххæй табиц кæй хæссыиц, уый. Уæвгæ йын ацы хабар æнæнхъæлæджы нæ уыд. Цал æмæ йын цал хатты загъта, ферох мæ кæн, æз ныр знаджы чызг дæн, зæгъгæ. Фæлæ уый дйырдта æрмæст йæ зонд, йæ зæрдæ та скъуыдтæ код- та йе *намонд уарзтыл, æппæт йе стъæлд, саст цард- вæндагыл. Гъе, æмæ та ныр дæр, мæнæ талынггæрæтты сæ балкъоны гæзæнхъæдыл ранцой кодта æмæ йæ мид- зæрды кæуы, дзыназы. Йæ мад абон сæ хæстæджытæм 267
ацыд æмæ Нинæ, хъæды халонау, иунæг у. Йæ мад ма йын арæх ныфсытæ авæры: , . „Ма тæрс, мæ хъæбул. Дæ фыд раст лæг у. Ацы хицауады тыххæй йæ туг ныккалдта. Æвæццæгæн, кæй- дæр фыдаевзагæй бахаудта. Æппæт дæр рабæрæг уы- дзæн... Нæ парти раст лæджы нæ фесафдзæн41... Ныртæккæ йæ бæргæ фæнды, Гагийы æрмæст -йæ цаёсты кæронæй уæддæр куы фенид. Чи зоны йæм дзургæ дæр ницы скæнид, фæлæ йæм æдзынæгæй кæ- сид, кæсид æмæ йæ уæззау хъуыдытæ иу чысыл дыдзы рухсы бын фæуаиккой рæстæгмæ... Цæмæй зоны Нинæ, æцæгæй йæм Гаги уыцы уысм йæ цæрæнуатæй кæй рараст сагъæстæгæнгæ... Æппæт ацы хъуыдыты куыд ленк кодта, афтæ йæ хъустыл ауад кæйдæр фæлмæн хъæлæс: т—Де зæр хорз, Нинæйы рæсугъд! Чызг, кæлмдзæфау, фестъæлфыд. Фæкаст æмæ изæр- милты гæзæмæ рухсмæ ауыдта: мæнæ йæ фарсмæ, цы- ма æвиппайды зæххы бынæй февзæрди, уыйау лæууы Саутиты Сауи. Йæ цæсгомыл хъазы фæлывд мидбылхудт. Чызг иу къахдзæф фæстæмæ алæууыд æмæ тыхст, фæлæ тызмæг хъæлæсæй афарста: "" — Чи дæ, цы дæ хъæуы ам? Сауи йæ хъæлæсы хатт ноджы фæфæлмæндæр ’код- та, йæ дамбацайыл чъылдымырдæм фæхæцыд: — Нинæ, мæ дуне, чи дæн, уый дæр хорз зоныс æмæ мæ цы хъæуы, уый дæр. Æнæ дæу мын мæ цард ад нал кæны. Ау, зæрдæ дын нæй, зæрдæ?.. Зонын æй^ ахсæв дæ мад ам нæй æмæ, зæгъын, баныхас кæнæм... Нинæ ныр фæстæмæ нал, фæлæ йæм æввахсдæр æр- бакъахдзæф кодта. — Ныртæккæ дæхи айс, æндæра... — йæмаст йæхъуы- ры фæбадт. У Куыд, куыд! — ныллæг хъæлæсæй сдзырдта Сау* тий^ фырт. ^68
— Мæн нæ уырны æмæ мæ ма уарзай. Ау, цæмæй мæ фауыс? — зæгъгæ, фæкодта аемæ чызгыл йæ цæнгтæ атыхта. Уый йæ йæ тых, йæ бонæй ариуыгъта æмæ лæппу уаты къулыл сæмбæлд. Исдугмæ фергъуыйау, стæй та йыл ногæй йæхи баскъæрдта. — Фæлæу-ма, хорз чызг, æрра сдæ, æви дæ фыды хъысмæтыл дæр нал мæт кæныс! Æз дæ уарзгæ кæ- нын, ды та... —-ныттыхта та йыл йæ цæнгтæ æмæ йын аныр ныпъпъа кæна, афтæ йын Нинæ йæ сæрæййæ был- тæ сцавта... Лæппу йæ феуæгъд кодта, йæ былтыл йæ армытъæ- пæн авæрдта, йе ’ннæ къухæй йæ дамбацамæ февнæлд- та: — У, сау калм, сымах иууылдæр адæмы знæгтæ стут! Зæгъ ныртæккæ, разы дæ, науаед дæ ам куыдзы мард кæнын. Æввæрсгæ дыл кæй кæнын, уымæй буз- ныг цæуылнæ дæ? Нинæйæн йæ зæрин дзыккутæ æркалдысты, йæ къан- дзолы тæрттæ аскъуыдысты æмæ сыл йæ бæгънæг дзæнхъариутæм æрбахæцыд, афтæмæй йæ дзыхыдзаг фæхъæр кодта: — Ф.ехс, æнаккаг. Æз дæуæн мæхи худинаг кæнын яæ бауадздзынæн. Раст уыцы уысм Гаги æрхæццæ.-Нинæйы тыхст хъæр кæртмæ йæ хъусты азæлыд. Фæранчы сæррæтт скодта асиныл. Цæф сырдау, йæхи кыццавта Сауийыл. Йæ цонг ын ныххафта æмæ дамбаца пъолыл сæмбæлд, Нинæ йæм февнæлдта æмæ йæ фелвæста. Фæхъæбысæй- хъæбысмæ сты. Кæрæдзи рахæсс-бахæсс кæнынц. Сауи йæм йæ къах фæдардта æмæ Гаги йæ быны уæлгоммæ сæмбæлд. — Фæлæу, ныр мын нал фæцæудзынæ... Цæрæнбонты мæ фæндагыл цæхгæрмæ лæууыс! — къæскъæс кæнынц йæ дæндæгтæ Сауийæн æмæ Гагийы хурх нылхъывта. — Сыст ныртæккæ, æмæ схæц дæ къухтыл, æндæра дæ ам дæхи хотыхæй..,— ныддардта йæм дамбаца Нинæ. 269
Сауи фестад. Йæ сау хъоппæг цæстытæ ноджьг\ас- тыртæ сты. Йæ къухтыл схæцыд æмæ асины • ’рдæм йæхи райста, нызгъордта йыл, афтæмæй кулдуарæй федде, æхсæвдалынджы аныгъуылд. Гаги æмæ Нинæ кæрæдзимæ бакастысты, мæсты мидбылты бахудтысты, стæй йæ фæдыл фæраст сты. Дамбаца Гаги йæ дзыппы нывæрдта: — Йæ хотых ын кæй байстам, уый хорз нæу, фæлааг йæ ныртæккæ бахæссын хъæуы сæ хистæрмæ. — Чи йын æй байста, йæхицæн не ’рхаудта пъолмæ? — йæ дзыккутæ дзæбæхкæнгæ,~загъта чызг. Балæууыдысты милицийы агъуысты раз. Бахизæны сæ æрурæдта милиционер: — Чи уæ хъæуы, кæмæ цæут? Гаги йын загъта, уый размæ кæимæ ныхас крдта; уыцы хистæры мыггаг. Милиционер телефоны фæдзырдта. — Рауадз сæ! — райхъуыст хæтæлæй. Чызг æмæ лæппу бахызтысты хистæры кусæн уат- мæ. Нинæ йæ иу къухæй æнгом хæцыд йæ къандзолы скъуыдыл йæ хъæпæн риуы комкоммæ. Йæ дзыккутæ цæугæ-цæуын чысыл бадзæбæхтæ кодта, фæлæ йын уæддæр уыдысты змæстытæ. Сæрæй кæронмæ фæдзырд- той, Сауиимæ сын цы хъаугъа рауад, уый хабæрттæ, стæй Гаги дамбаца систа æмæ йæ стъолыл æрæвæрдта: — Мæнæ, гъе, уый та йæ хотых. — Куыд ын æй байстат, зæгъыс? — дамбаца йæ къух- мæ сисгæйæ, афарста хистæр. — Куы дын æй загътон. Йæ цонг ын ахъаззаг æр- риуыгътон æмæ йæ дамбаца æрхаудта. — Хорз! — загъта уый. — Уæртæ фаллаг уатмæ ба- хизут иу чысыл. Йæхæдæг дамбаца стъолы лагъзы нывæрдта. Фæдзырдта иу ми’лиционермæ: — Ацы сахат Саутийы^ фырт мард у, æви æгас, уæд- дæц ам куыд уа!—Йæхæдæг æлхынцъæрфыгæй дыууæ- рдæЦ рацу-бацу кодта. Æрæджиау дуар .æрбайгрм.. 270
-^Бар мын радт, æмбал хистæр, — сдзырдта Сауи^ къæсæрæй æрбахизгæйæ, æмæ æмраст алæууыд. Хистæр æм йе стъолы цурæй кæсы. Сæрæй къæх- тæмыл тызмæг цæстæнгас æрхаста: — Сбад! Уый цадæггай бандоныл йæхи æруагъта. — Дæ былтæ рæсыд куы сты? Бызычъитæ дæ фæ* надтой æви? — ныллæг, фæлæ йæ фидар хъæлæсыуа- гæй афарста. Уый исдугмæ асырх, стæй къæзгæйæ райдыдта: — Суг састон æмæ мыл æндзарæн сæмбæлд. — Ау, æмæ афтæ æнарæхст дæ? — йæ цæстытæ хин цъынд æркодта æмæ йæ бинаг был фырмæстæй йæ дæндæгтæй æрылхъывта. Сауи æнцад лæууы, йæ хуыз фæцыд... — Æмæ æнæ, хотых та цæмæн дæ, æви а&гъдау нæ зоныс? — Хæдзары мын айрох тагъд-тагъдæй, — дзуапп та радта Сауи лæгъзтæгæнæджы хъæлæсæй. - Хистæр æм æлхынцъæрфыгæй бакаст æмæ фаллаг уаты дуар бакодта: — Рацæут, æмбæлттæ, æмæ уæхимæафардæг ут. ’ Нинæ æмæ Гаги рахызтысты. Сауи сæ куы ауыдта, уæд, йæ фарсмæ къулгæрон бандоныл, æрхауæгау код- та. Уыдон хæрзæхсæв; зæгъгæ, фæкодтой æмæ дуарæй ’рахызтысты. Хистæр Сауимæ. нымдзаст, йæ цæстæнгас дзы, цыргь джебогъау, ныссагъта, стæй йыл фæхъæр кодта: — Уæлæмæ, цъаммар! Уый фестад, йæ къухтæ ризынц. Хистæр йæ цурмæ дыууæ даргъ къахдзæфы ракодта, йæ петлицæтæм ын фæлæбурдта æмæ сæ раскъуыдта. Йе стъол1>1 ’цурмæ æрбаздæхт, кнопкæ фелхъывта. Милиционер йæ цуры февзæрд. Хистæр ын Сауимæ йæ сæрæй аца- мыдта: (-271
— Акæн æй! — Йæхæдæг йæ бандоныл æрбадт. Йе стыр армытъæпæнтæй йæ сæры дыууæ фзрсыл ныххæ- цыд æмæ ^РФ сагъæсты аныгъуылд... 18. Æгъуыссæг æхсæв Æнæууæнчытæ кæны æнæууæнк лæг. Æмбисонд. Гаги рафт-бафт кæны йæ сынтæджы. Куы йæ иу фарсыл æрзилы, куы — йе ’ннæйыл, фæлæ, нæй, хуыс- сæг æм æмгæрон нæ цæуы. Уæлгоммæ æрзилы, йæ сæгъдзæстытæ æрыхгæны, кæд афынæй уаид, — дзæ- гъæлы, цъынд дæр ын сыл нæ хауы. Йæ зæрдæйы судз- гæ маст канд риувæйнæг не ’хсыны, стонг бирæгъау, • фæлæ ахъардта æппæт буары, дзæхст-дзæхст кæны .тугдадзинты. Калмау быры, змæлы къæдзтæгæнгæ. Гаги йын йæ сæрыл ныххæцынмæ хъавы, фæлæ йыл йæ, тых нæ цæуы. Уый йе ’взæгтæ фелвасы æмæ æхситт кæны, дзуры йæм тызмæгæй: ^Дзæгъæлдзых дæ... докладгæнæгмæ дæ ахæм æв- загæй дзурын нæ хъуыд. Федтай, æнæууæнчы гакк дын ныккодта де стыр хъусыл44. Ахæм- сагъæстæ зил- дух кæнынц йæ сæры. Ногæй та йæ рæзты азгъорд- той, абон ре *мбырды цы æвирхъау хабæрттæ уыдис, уыдон... ...Суанг стыр фæсахсæвæртæм ахаста фæскомцæ- дисрнты æмбырд. Сæйраджыдæр дзырд цыдис больше- викон цырддзæстдзинадыл, адæмы знæгты налат цæс- гом «æргрм кæныныл. Фæскомцæдисы обкомы минæвар, газеты редакцийы цы фæсивæд куыста, уыдонæн сæ царстмæ.дардта, фаг цырддзаст кæй не сты, уый. Цал- дæр азьг дæргъы, дам, уæ редакторы знагиуæг куыст 272
нæ базыдтат, бакуырм уæ кодта. Нырма дæр, дам, мы- хуыры кусджытæ уæвгæйæ, афоныл æмæ карзæй не ’ргом кæнут троцкистон-бухаринон налæтты, буржуазон националистты сау митæ... Фæци докладгæнæг йæ ныхас, æрбадт, йæ къуыпн- ныхы хид асæрфта йегъау гæлæбугъуыз къухмæрзæ- нæй æмæ цыма стыр фесгуыхт, ахæм цæстæнгас ахаста адæмыл. Райдыдтой ныхас к’æнын. Оратортæй дæр бирæтæ кар- зæй дзурынц, тымбыл к;ьух тилынц, сидынц цырддзæст- дзинадмæ. Сыстад Гаги дæр. Йе стыр хъустæ ныссырх сты, афтæмæй æрлæууыд трибунæйы фæстæ æмæ райдыдта: —-Раст загъта докладгæнæг, фæлæ сæхæдæг дæр бынæттон -организацитæм нæ цæуынц, афтæмæй сæ иуæй:иутæ æнæууæнчы цæстæй кæсынц алкæмæ. Гъейдæ, мардзæ! Минæвар фесхъиудта, стъол тым- был къухæй æрдаудта: —Æмбал Дзанæгайы фырт! Дæу бæрнон кусджы- тæн зондамонæг ничи кæны! „Æнæууæнчы цæстæй... Гъы! Кæмыты хæфтытæ кæны! Фæлтау хуыздæр уаид, цасдæр рæстæджы дæргъы адæмы знаг, фыссæг Еммеи- мæ хицæн уаты куыд куыстат æмæ цæуылты уынаф- фæ кодтат, уый куы радзурис, уæд! — хъæр кодта док- ладгæнæг. Гаги фырмæстæй туджы азылд. Æмбырды чи уыд, уыдон дæр æм сæ цæстытæ ныццавтой. Цыдæртæ ма загъта тыхстæй, стæй лозунг сидынмæ фæци æмæ ра- хызт трибунæйæ, фæлæ та ногæй. йæ къух сдардта. — Иу чысыл бæлвырдгæнæн ма зæгъон. —- Нæ, нæ! Цы бæлвырд кæнинаг уыдтæ, уый фехъуыс- там. Ныр та дæ мах бæлвырд кæндзыстæм! — æлхъывд- дæндагæй сдзырдта минæвар æмæ æмбырды сæрдармæ тарæрфыгæй бакаст, ома йын дзырды бар мауал радт- — Фæлæуут-ма, фæлæуут! Кард^ чъеппау рай- хъуыст редакцийы парторганизацийы’ секретары хъæлæс. 18* 273
—Ам большевикон критикæйæн йæ хурхыл мачи хæцæд. Цызагъта æвзæрæй Дзанæгайы фырт? Уæ кусджытæ арæх вæййынц бынæттон организациты хъæуты, колхоз- ты? Нæ вæййынц! Ам азымы куы дарыс ’ алкæй, æм- бал минæвар, уæд уæхицæн уæ цæсты раз нæ разынд адæмы знæгтæ æмæ къорд азты дæргъы сы- мах семæ нæ куыстат. Цæмæннæ сæ базыдтат? Уæ- дæмæ æвзаг хуылыдз у æмæ алырдæм дæр тасы. Цй рабæрæг кæнынмæ хъавыс Дзанæгайы фыртæй? Адæмы знаг Еммеимæ, дам, æрыгæтты чиныг редакци- кодта. Æмæ цы?! Кæимæ куыстай æмæ чи нал ис, уы- доны кой цæуылнæ кæныс?! Науæд ныртæккæ мæнæ не 4мбьГрды дæ тымбыл къух тилыс, æртхъирæнтæ, кæ- ныс, фæлæ цæмæй зонæм, райсом цахæм разындзынæ?! — Æгъгъæд! Чи дын радта бар æмæ бæрнои кусæ- гыл æнæууæнчытæ кæнай! — фесхъиудта докладгæнæг. — Сабыр, тæвд ма кæн! Дæуæн чи радта бар æмæ нæ активон æмбал, рæзгæ поэт, бонджынты дæлбазыр дæллаг гаяы куыст чи фæкодта, Советон хицауадылу ныййарæг мадау, æнувыд чи у, уый сыгъдæг цæсгом- мæ дьгёæрдыджы къæм æппарай? — ныллæг, фæлæ мæс- ты хъæлæсæй дзырдта парторг... Гъе, æмæ ныр æппæт уыцы рассæнд-бассæнды ты- мыгъ Гагийы зæрдæйы нæма æрсабыр, дыууæрдæм быр- сы, ссæнды æмæ дысон-бонмæ лæппу йæ сынтæгыл» уæрдæхау, уымæн здыхсы. Еммеимæ, дам, куыд куыс- тай, уый радзур. „Ау, æмæ Емме æцæг знаг уыдис?" — дис æфтыд лæппуйыл æмæ-иу фыртыхстæй йæ улæфт дæр баурæдта. „Фæлæ йæ иугæр æрцахстой, уæд, æвæццæгæн"... Нæй, ницы йæ сæрæн зоны, цы зæгъа, цæуыл ныллæууа?.. Рабадт йæ сынтæджы. Йæ цæстытæ аууæрста. Ра- хызт пъолмæ, электры рухсы æргъæвæн фæкъæпп код- та. ;Бæгъæмвадæй рацу-бацу кæны уаты къуымты. Мæ- нæ стъолыл йе ’рдæгфыст æмдзæвгæйы сыф. Систа йæ, йæ цæст ыл рахаста: 274
Мах, æвзонг хæххон фæсивæд, — ’ Дуджы базырджын фæлтæр. Рухс у, амондджын нæ фидæн, Фод йæ сæрыл хаст нæ сæр. Арфæ, буц арфæ — нæ фыдæн, Мах ын йе стыр хæстæ фидæм... Йæ зæрдæмæ нал фæцыд йе стих. Æгæр иумиаг ны- хæстæ... „Фод йæ сæрыл хаст нæ сæр" — бакаст ногæйг Нæ бæззы. Ахъуыды кодта. Йæ мид-зæрдæйы февзæрд ти- пографы. Уым ын æвзарынц йе ’мдзæвгæты фыццаг æм- бырдгонд. „Уым дæр ахæм иумиаг ныхæстæй фыстытæ би- рæ ис. Уæд та йæ куынæма рауагътаин*... Фæлæ нæ! Уый ныртæккæ æрмæст йæ сагъæсы иу фæпæррæст у, æндæ- ра уыцы чиныджы цинæй куы цæры, уый йæ куы скъæ- фы йæ базыртыл. Æрæджы йæ мадмæ дæр куы арвыс- та: „Рæхджы мæ чиныг рацæудзæн, ме ’мбæлтты хон- дзынæн, æмæ-иу æрцу, уæлибыхтæ сын чи скæндзæн?" Фæлæ йæ ныртæккæ ууыл сагъæсмæ не ’вдæлы. Гæх- хæтты сыф фæстæмæ стъолмæ баппæрста æмæ та рацу- бацу систа. Фæрссаджы фæйнæгыл фæкомкоммæ Нинæйы фæс- таг писмомæ. Сласта йæ конвертæй, арф ныуулæфыд, йæ дæндæгтæ кæрæдзимæ нылхъывта. Мæнæ, гъе, чыз- гæн йæхи хуызæн æнæхин, æнæуæлдай къабузтæ, тым- былзылд хъæрнывтæ. Алкæмæй дæр сæ цыма зыны йæ дыууæ æрвгъуыз цæсты уарзт. Кæсы та йæ ногæй, æмæ ныр цалæм хатт: „Мах гыцциимæ цæуæм мæ мады райгуырæн хъæумæ. Нæ зонын, кæд æрæздæхдзыстæм. Æви ма искуы здæх- гæ дæр æркæнæм? Гаги, мæ дуне, ферох мæ кæн, афтæ хуыздæр у, бирæ хуыздæр. Мæнæн мæ бон нæу... фе- рох кæнын. Цалынмæ мæ цæст æрттива, уæдмæ судздзы- нæн мæхи зынгæй. Иунæг рухсы цъыртт ма ферттивы кæмдæр мæ зæрдæйы арфы æмæ та уæд нæ раздæры хурбонтæ райдаиккой, бабайы хъуамæ æнæмæнг рауа- дзой. Уый раст лæг у, ларти йæ равзардзæн"... Ам аскъуыд писмойы кæрон. Æрмæст ма дзы ис дыууæ цæссыджы фæд. 275
Гаги йæ цæстытæ æрцъынд кодта, йæ уырзтæ йæ фæтæн ныхыл ахаста æмæ гæххаетт фæстæмæ конвер- ты арæхстгай, цыма йын фæриссынæй тарст, афтæ ны- . вæрдта... „Ферох мæ кæн, афтæ хуыздæр у",—ныллæг -хъæлæсæй сдзыр’дта лæппу æмæ æдзынæгæй иу ранмæ нымдзаст. Уалынмæ дардæй æрбайхъуыст фыццаг кæркуасæн- ты уасæджы уаст. Лæппу фесхъиудта йæ мидбынат. Рухс ахуыссын кодта æмæ йæ с&нтæгмæ бараст. Исдугмæ хъæццулы бын тагъд-тагъд улæфыд, стæй - æрсабыр æмæ фæстагмæ, цыма стыр уæззау куыстæй бафæллад, ’уыйау афынæй. Хурх æй кæнынц алы фыдфынтæ... Йæ иухатты, фысым кулак Уасил йæ фæдыл бафтыд. Æрдæгæй уæ-; лæмæ йæхи хуызæн у, уырдыгæй дæлæмæ сау хъулон калмы хуызæн. Топпæргъæвдæй суры Гагий’ы. Куы йæм ,ныхъхъавы, уæдта сæ фиййау куыдз се ’хсæн февзæры æмæ Уасилырдæм йæ урс - дæндæгты æхсæнты сырх ч пиллон арты æвзæгтæ æмраст ныллæууынц. Уасил фæс- фæдмæ йæхи куы фехсы, уæд куыдз, адæймагау, йæ дзыхыдзаг ныххуды. ...Фыны фæливæнтæй Гаги фестад сæхимæ, хохы. Бæрзонд айнæджы сæр, сæрсæфæны тæккæ былыл ауын- дзæгæй лæууы Тугъан. Йæ иу къухæй ма хæцы цыдæр бæрзы уидагыл. Гагимæ сиды: „Тагъддæр, тагъддæр, уаих фæуай! Дæ ахуыргæнæг куыуыдтæн... Мæ иунæг чызг Нинæйы дын"... Гаги æрызгъоры... Æрхæццæ былмæ... Дæлæ ,арф комььхæххон æрра дон дуртæ фæлдахы, урс пуртитæ æппары... Йæ гуыр-гуырæй хæхтæ ризынц. Лæппу Тугъан- * мæ йæ цонг ныйивæзта, фæлæ æвиппайды уидаг аскъуыд, лæг ма иу богъ фæкодта æмæ асхъиудта... Гаги фехъал. Йæ ’ хид йæ къæхты бынæй акалд. Хур фæрссагæй æрбакаст. Лæппу йæ дарæс кæныныл ф^еци. 276
19. Лирикон райсом , Хойы зæрдæ — æфсымæрхуæ. _ ’ Æфсымæры зæрдæ — хъæдмæ. Ирон æмбисонд. Æрæгвæззæг. Хуыцаубон: Сæууон хуры тынтæ гæ- зæмæ ацахуырстой горæты хæдзæртты сæртæ. Бæстæ у сабыр, æнæсыбыртт. Æгæрыстæмæй, æхсарджын, хи~ вæнд Леуахийы зард дæр. никуыцæй хъуысы. Æрмæст стæм хатт, сыгъдæг уæлдæфы, цыргъ туас фæтъыссæ- гау, ’азæлы, сырддониъиутæй ма, хъарм бæстæм чи нæ атахт, уыдон цыбыр „цъипп-цъипп". Медтехникумы студенткæ Дзанæгаты Зæрæда ра- ’ хызт се ’мдзæрæндонæй. Фæцæуы цæхгæрмæ уынджы. Йæ мыдгъуыз дзыккутыл ын йæ урс касинкæйы базыр хæрз цадæг фæйлауы цъитиуат хæхтæй фæйлауæг рæууддзæф. Мæнæ йæ тæккæ рæзты зилгæ æрбатæхы, дæлгом-уæлгомгæнгæ; сыгъзæрин донытылд кæрдойы сыфтæр. Чызг æм йæ къух фæдардта/ ацахста йæ. ,Йæ мидбылты йæм бахудт, æдзынæг/æм æркаст. Йæ уырз- ч тæй йæ алæгъз кодта: — Кæдæм тæхыс, кæдæм, дæ уарзон мадæй? Исчи дыл йæ чъизи къахæй ныллæудзæн æмæ дæ ферох уы- дзысты дæ рухс царды бонтæ. — Баппæрста йæ дыргъ- доны æмбонды сæрты, йæхæдæг хъуыдыты адзæгъæл... „Афтæ чындздзон чызг дæр йе схъомылгæнæг мад æмæ фыды артдзæстæй ратæхы. Арæх бахауы кæйдæр сау дзæмбытæм. Бабын вæййы йæ рæсугъд æвзонгад, бас- тъæлы йæ базырджын цин, ныммыр вæййы йæ хъуытаз хъæлæс"... Ахæм сагъæстæгæнгæ, бахæццæ йе 4фсымæры фате- ры размæ. Уаты дуар уыд чысыл зыхъхъыр æмæ йæм хъуысы Гагийы æнкъард хъæлæс. Нал мæ бандавы зынг хур дæр» Нæй мæ тæрк мастæн кæрон. 277?
Ды дæ цæстыты цъæх фурды Ахастай мæ цин, мæ бон... Ех, мæ рæубазыр зæрватыкк, Атæх уалдзæджы цъæхтыл. Уастæн бахуысса мæ сау зынг, Судз ныр уарзтцæхæр уæхстыл... Зæрæда дуар чысыл бахоста, стæй дзуапмæ дæр нал фæкасг, афтæмæй дзургæ мидæмæ бахызт: — Цъæх цæстытæ, цъæх цæстытæ! Цы ма нæ хъæ- уы æндæр, уыдон кой куы кæнай, уæд? Нæ фыд Асæ- гойæн йæ хостæ ласт, йæ най — конд, нал дæр хорхъуаг фæуыдзæн!.. — хин мидбылхудгæ бакаст йе ’фсымæр- мæ, стæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Æри-ма, æхсинаг дын цы ис, науæд мæ стæй нал æвдæлдзæн, дунейы ахуыргæнинæгтæ мын ис, — йæхæ- дæг хъæццулы цъар халынмæ æрæвнæлдта. Лæппуйыл уыд цыбырдыс майкæ, сæрак’ аразæн- джын дзабыртæ йæ гом къæхтыл — уæгъд конд. Йæ хойы уайдзæфтæм исдуг сдзурын ницы бафæрæзта, фæтыхст, стæй йæ русыл йæ уырзтæ æрсæрфта, йе ’ннæ къухы гæххæтты сыфмæ æркаст æмæ афтæ: — Фæлæу-ма, цы фесхъиудтай?! Æмдзæвгæтæ фыс- сын мæ нал уадзыс? Науæд кæдæм бахæццæ дæ хох- мæ, нæ фыдмæ? „Хорхъуаг нал фæуыдзæн". Ныр дæр та сын зæхх нæй? Колхозы кусæнт æмæ сын алцы дæр уа.. Чызг æм йæ уæхсчы сæрты фæкаст. — Фысс, чи дæ нæ уадзы, фæлæ æдзух Нннæйы цъæх цæстыты кой ма кæн. Ацыд æмæ йæ ныхъхъуыд- ты уадЗ. Ирыстоны бирæ чызджытæ ис... — Гъе, уый бæрц не ’мбарыс, гъе, аивады хабар. Ныр цъæх цæстытыл чи фкссы, уыдон иууыл Нинæйы кой кæнынц, æдылыкъоппа? —Ныууадз дæ дзæнгæда æмæ уæртæ сыхæгтæй т^с æрбадав, пецы раз сугтæ æрæвæр æмæ дон ахъарм к&нон,—фæлыг кодта чызг æмæ уаты астæу æхси- нæгтæ æркалдта. 278
Гаги къуыммæ бацыд æмæ йæм рахаста, фарон ын йæ мад цы ирон æгънæджджын хæдон бахуыдта, уый. — Гъа, мæнæ уый дæр. Æцæг мыл æй айразмæ нæ, ну хистæр федта æмæ афтæ: — Кæс-ма, кæс, мах æй интеллигент æнхъæлæм, уый та нырма йæ фыдæлтыккон дарæс не ’ппары. Æх- хæст ма цырыхъхъыты бæсты æрчъитæ дæр скæн. Зæрæда йæ сины сæр йæ къух авæрдта, йæ сæгъ- дзаст цæстытæ мæсты æрттывд фæкодтой: — Æмæ йын ды цы загътай, ныббарстай йын? — Цы йын хъуамæ загътаин, уый хистæр у æмæ... — Нæ, азтæй хистæры хатыр ын куы фæкодтаис, уæд ма — гъа, фæлæ стыр хицау кæй у, уымæн æм не суæндыдтæ, бамбæрстай! Цæуылнæйынзагътай: Хетæгка- ты Къоста, зæгъ, дардта ирон дарæс, уый тыххæй интел- лигент нæ уыд?—Тызмæгæй бакаст йе ’фсымæрмæ æмæ лецы арт кæнынмæ æрывнæлдта. Гаги ницыуал загъта, йæ бæрзæй аныхта. Йæ дарæс акодта,, йæ хо йын кæй загъта, уыдон æрæввонг кæны- ныл фæци. — Æз ауайон ,æмæ дзул æрдавон. Чи зоны, типог- рафмæ дæр бауайон. Директор хуыцаубоны дæр бази- лы йæ куыстмæ. Мæ чиныгæй йæ афæрсон. Зæрæда фистæгцонгæй гæрзтæ æхсы фатеры дуар- мæ балкъоны. Стыр æрхуы тасыл хуры тынтæ зулмæ ныдзæвынц, йæ къулты сапоны таппуз фынчыты ныв фæзыны æмæ та атайы. Йæ цыбыр æнгуылдзты æхсæн -æрæлхъив-æрæлхъив кæны æхсинаг. Сисы йæ, æрцæгъ- дæгау æй кæны æмæ та —- ногæй. Хаттæй-хатт йæ мыд- гъуыз дзыккуйы кæрон размæ, тасырдæм æрхауы, æмæ йæ фæстæмæ аппары. Пысултæй иу æхсад фæцис, уæд- дæр Гаги никуыма зыны. Уалынмæ балкъоны ныллæг дуар æрбахостæуыд: — Уазæг нæ уадзут, хæдзаронтæ? — æрбайхъуыст бæзджынгомау хъæлæс. Чызг йæ астæу сраст кодта, йæхимæ æркаст, йæ 279
цæсгомы хид йæ раздарæнæй асæрфта æмæ æрæджиау радзырдта: — Мидæмæ, кæцы дæ?1 ’ - Бæби æрбахызт. Чызджы ахæм хуызы куы ауыдта, уæд фыццаг фефсæрмы, стæй йæм фæхудт: —Байриай, Зæрæда, æмæ бирæ æхсай! — О, хорз мын уарзы дæ цæст — бирæ æхсай! Сба’д, цæмæ сцæджындз дæ?!. — фæкодта Зæрæда, тасы иннæ фарсмæ азылд æмæ та хæдон æууæрдын райдыдта. Лæппумæ аивæй каесы. Уымæи йæ фæтæн ныхы сæр- мæ бæрзонд, галиуæрдæм зулаивæй, барджынæй фæл- гæсы йæ сау къæбæлдзыг худ. Йæ сау бæзджын æрф- гуыты бын йæ егъау сау цæстыты цырагъы рухсытæ . æрттивы. Йæ даргъ цæргæсфындзы бын æнæзылд ^сау рихи пыхцылтæй зыны. ,• Чъырын къулыйас фæсонтыл æмдынгæй бады цъæх-- бын сгæллад хæдон, иарæг æвзист ронæй æлвæстæш Роны нывæфтыд æвзаг суанг йæ галифейы хъусмæ æр- хæццæ. Йæ тъæпæнбырынкъ сау цырыхъхъытæ — хæра сæрфт, тыбар-тыбур кæнынц. — Дзур истытæ... Кæм уыдтæ, кæцæй фæдæ? — - æрæджиау æй афарста фысым. "’ — Цы дзурон, ды æхсгæ кæныс, æмæ... — Æмæ кæд хæлæг кæныс, уæд æри, дæуæн дæр кæд исты æхсинаг ис, уæд, — йæ даргъ æрфыджы бын- ты йæм зулмæ бакаст чызг. Уый йæ хæлафы дзыппæй цыдæр цъæхбын къух- мæрзæн тымбылтæй систа, æрцагъ-а йæ æмæ йæм æй æнæдзургæйæ балæвæрдта. Чызг æм æрæсмыста, стæй Бæбимæ æдзынæг ба- каст: — Уæдæ, ахуыргæнæг хъуамæ тамако пъæртт кæна> науæд цæй лæг у. — Уæллæй, дæ фыд мæ фæцахуыр кодта, æндæра æз никуы... Гагийы ма бафæрс. — Æмæ дæхи цы рæстытæ кæныс, мæн дзы 1 цы 280
хъæуы, дымай, нæ ■ дымай, уымæй. Фæлтау-ма зæгъ> куыдтæ цæрынц мæ мæгуыр ныййарджытæ? — Цы сæ смæгуыр кодта? Сæ фырт — поэт, сæ чызг — дохтыр, се ’ннæ сывæллæттæ — скъоладзаутæ. Асæгойæн карз арахъхъы сыкъа йæ къухы, афтæмæй йæ зæлланг зарæг къæдзæхтæ арауы.- Гъе, æрмæст, раст’ зæгъгæйæ, уæ мадæн бирæ фыдæбон йс, -- загъта лæппу æмæ йæ рифтæгтæм бавнæлдта: — Мæнæ уын Гагиимæ фæйнæ цыхты . рарвыста. — Систа сæ фаэлмæн фæсалы тыхтæй, — Адон тыххæй æр- цыдтæн, æндæра районæй ардæм цæуинаг нæ уыдтæн? Бæби йæм комкоммæ бакаст, стæй йе тары дзыппæй чысыл гæххæтт систа, æркаст æм: — Æфсадмæ сидæн гæ^хæтт. Ацы мæйы фæуды. Зæрæда йе ’хсинаг тасы æрæвæрдта. Йæ тæнæг был / йæ’урс дæндæгтæй æрæлхъывта. Йæ дзыкку та фæс- тæмæ аппæрста æмæ æнцад лæууы. Хъуыдыты аны^ гъуылд... — Цы ныджджих дæ? — худæнбылæй йæ афарста лæппу. Зæрæда, цыма, йæ фынæйæ фехъал, уыйау фестъæл- фæгау кодта: — Чи ныджджих? Фæлтау ма уæртæ пецы арт ба- дзæбæх кæн æмæ ме ’хсинæгтæ тагъддæр фæуон. Бæби пецы раз дзуццæг æрбадт. Йæ худ систа æмæ йæ йæ фаллаг фарс бандоныл æрæвæрдта, йæхæдæг артимæ архайы. / Балкъонырдæм фæрссагæй Зæрæдамæ йæ тымбыл, ногдаст сæр бæрæгæй зыны. Иæ къухмæрзæн ын слæ- мæрста, йæ иу армытъæпæныл æй æрытыдта, иннæмæй йæ уæздан ралæгъз кодта, стæй та йæ ногæй сапоны фынчы анхъæвзта... Фæстагмæ ма йын баззад Гагийы тинтычъи нымæт- худ. Тас ранхъæвзта, сыгъдæг дон дзы æркодта æмæ худ дæр æхсын райдыдта. Урс фынк, урс нымæт- дуд, чындздзон чызджы урс къухтæ, æрхуы тасы зæ- 281
рин тыбар-тыбур—цыдæр æхцон æнкъарæн æвзæрын кодтой йæ зæрдæйы... Фæлæ та-иу Бæбийы фæстаг ны- хас йæ хъуосы ныззæлланг кодта: „Æфсадмæ сидæн гæххæтт" — æмæ-иу уæд, сапоны фынчы афтид пурти - æвиппайды куыд атæбæкк вæййы, афтæ айсæфт уыцы уæздан, лирикон æнкъарæн. Фæци худ дæр æхсад. Слæмæрста йæ, æрывæзтытæ йæ кодта. Стæй æвиппайды йе ’рфгуытыл уæлæмæ фæ- ~ хæцыд, йæ мидбылты фæхудт: — Бæби, чысыл ма ардæм рауай. Бæби рахызт бæгъæмсарæй æмæ йæм фæрсæджы каст кæны. — Мæнæ ам, бандоныл æрбад! Лæппу æрбадт. — Худы къуыдыр нæй æмæ, зæгъьтн, мæнæ ацы худ дæ сæрыл... — æмæ бараст йæ цурмæ. Бæби. йæм худгæ уæлæмæ скаст: —Ома мæ сæр къуыдыр у, нæ?.. Уæдмæ йын Зæрæда худ йæ сæрыл æркодта æмæ йæ æриваз-æриваз кæны. Лæппу нал фæлæууыд. Йæ домбай цонгæй йæйæхи- мае æрбассывта æмæ йын гъаныр йæ пыхцыл рихи йæ тæнæг былтыл аныхаса, афтæ чызг йæхи атыдта: — Æдзæсгом, æнæхсæст! Барст дын фод, æфсадмæ кæй цæуыс, уый тыххæй, æндæра дын а чызг дæ* къуы- дыр сæр... — дзуры, тагъд-тагъд улæфгæйæ, йæ цæсгом судзы, афтæмæй. Уæдмæ кулдуарæй Гагииы дзурын æрбайхъуыст: — Зæрæда, кæс-ма, кæс, мæнæ мын мæ чиныг мы- хуыр кæнын райдыдтой. Æмæ йæ кæсгæ æрбахæссы. I 282
20. Байраг-бæхы митæ Бæх йæ барæгмæ гæсгæ у. Æмбисоцд. Сæумæрайсом. Бæстæ, сойнуæзтау, сабыр. Ирд арвы риуыл, кæронырдыгæй, Бурхохы скомкоммæ фæлурсæй æрттивы бонвæрнон, иннæ стъалытæ иууылдæр иугай- дыгай раджы бастъæлдысты. Асинет сæхи комæй рахызт æмæ, ныр цырд къах- дзæфтæкæнгæ, бафтыд стыр фæндагыл.Хтæм хатт чы- сыл, уаргъулæфт акæны, " йæ уæззау рифтæгтæ иу у’æхскæй иннæмæ раивы æмæ та ногæй уыцы цæрдæг чысыл ус, къуыбылойау, арæуæг вæййы лæгъз фæнда- гыл. Асæго æмæ Асинет знон изæрырдæм фехъуыстой, сæ фырт Гагимæ сын æфсадмæ кæй сидынц, уый. Ма- ды зæрдæ тæнæг у, уайтагъд йæ сау цæстытæ донæй айдзаг сты: — Мæ фæрстæ йын фехæлой. Нырма цардæй никуы ницы федта. Суанг сонты бонтæй фæстæмæ кæйдæр фæсдуæртты æххуырстæй хатти, йæ цæстмæ ’хсидав, йæ дзьтхмæ — къæбæр, стæй та æнафоны хосдзау, уый фæс- тæахуыр æхсæвæй-бонæй, ныр та — æфсадмæ. Мæ армæй и’унæг хъарм къæбæр никуыуал бахордта,— загъта Аси- нет æмæ йæ сау кæлмæрзæны кæронæй йæ цæстысыг асæрфта. — Уæллæй, иу дæ фырты хуызæн нал исСырхÆф- сады. Цæмæй йын тæрсыс, цы дæхи лæмарыс! Ацæу- дзæн æмæ нæм, хуыцауы фæрцы. лæгæй æрыздæх- дзæн,—дзырдта Асæго йе ’фсинæн, уайдзæфгæнæгау, æмæ та йæ дæрзæг æнгуылдзтæ йæ цуркбоцъойыл æруагъта. — Алæ, йæ нывонп, мын æрбау! Ды рагæй дурзæр- дæ дæ. Цæмæй зоны, кæм арвы кæрон æй амидæг-кæн- дзысты. Искуы дзы уазал куы бацæуа, куы фæрынчын 283
уа, науæд, Лæгты дзуар, бафæдзæхс, мыййаг хæст куы райдайа. ■ - - . — О, æмæ ныццу, ныццу, хицæуттæн бамбарын кæн, дард, зæгъ, мыы æй ма арвитут, мыййаг, зæгъ, дзы уа- зал бацæудзæн, стæй, зæгъ, хæстдæр ма ’руадзут,—йæ цъæх цæстытæй хинхудт бакодта Асæго æмæ къæсæ- рырдæм рараст. ’ Йе ’фсин йæ фæдыл тызмæгæй ракаст, йæ къух ыл ауыгъта: - - — Пу, мæ фыдбылызтæ дæ зæронд сæры хай, æмæ мæ хъæбулы фæндаджы фæхъхъау фæу, мæт æмæ тæригъæд чи нæ зоны! Асинет уайтагъд къуымты зилынтæ систа. Рахаста дыууæ гуымбылы: иу хъæбæр цыхт, иннæ та фæлмæн — уæлибыхтаг. „Гагиахæм цыхтæй уæлибыхтæ уарзаг у",— ахъуыды кодта йæ мид-зæрдæйы æмæ сæ фæсалы тых- тæй сæ хъулон рифтæгты нывæрдта. Ибон ын цы цы- бырхъус сау сæрак местæ бахуыдта, уьтдон чырынæй систа. Цыма сын фæриссын&й тар’ст, уыйау сыл йæ уырзтæ рахаста, йæ мидбылты сæм фæхудт, стæй сæ цыдæр урс хæцъилы гæппæлы батыхта æмæ сæ риф- таджы нывæрдта. Уæдмæ Асæго дуарæй æрбахызт. Йе ’фсины рифтæг- тимæ архайгæ куы федта, уæд йæ рихи чысыл стæлфыд æмæ йын__афтæ: — Уыцы арахъхъ ма æндæр мигæнæнмæ равдæлон кæн æмæ дзы лæппуйæн иу авджыдзаг ахæсс, уæд та йæм йе ’мбæлт.æй исчи æрбауад. Асинет æм æнæдзургæйæ, тарæрфыгæй бакаст. Асæ- го се ’вæрд арахъхъ, æндæр, ома къадлæр мигæнæнмæ, арæх февдæлон кæнын кæны æмæ дзы уæлдай цы баз- зайы, уый сæ сыхæгты лæгтæй искæимæ баназы. Аф- тæмæй цалдæр тунджиуат мигæнæн фæстагмæ æрхæц- цæ вæййы иу хуынхæссæн дурыны онг æмæ та уæд Асин§т ногæй арахъхъаг стауын райдайы. Ныр дæр та йæ равдæлон кодтой, фæлæ дзы ацы 284
хатт Асæгомæ иу сыкъайы йедтæмæ не ’рхауд, йе ’ннæ —- иу урсхъуыр авджыдзаг — усрифтаджы нывæрдта. ...Гъе æмæ ныр, фæндагыл цæугæйæ, Асинеты зæр- дыл æрлæууыд, йæ лæджы иу сыкъайы йедтæмæ кæй нæ фæци, уый^æмæ йæхимидæг бамæт кодта. Ахæм сагъæсты куыд ленк кодта, афтæ йæ хъустыл ауад бæхы къæхты хъæр. Фæстæмæ фæкаст: уæртæ иу барæг тагъд фаддзуйæ раскъæры. Йæ сау уæлдз-арм худ бæрзонд зулаив æркодта йæ фæтæн ныхы сæрмæ. . Бæстондæр æм бакаст, бæхæй-лæг^ей сæ базыдта. Барæг уыд сæ ахуыргæнæг Бæби, йæ чызг Зæрæдайы йын чи уарзы, уыцы уæздан лæппу. Бæх та—- колхозы. Нырма йыл а уалдзæджы сæвæрдтой саргъ. Рæсугъд, хæрзуынд хайуан, æрмæст у æгæр гыццыл. Барæг куыддæр усы цурмæ рахæццæ, афтæ цæхгæр фæурæдта йæ бæхы, йæхи пуртийы зыввытт ракодта, йæ худыл дæлдæр фæхæцыд, салам радта усæн йæ сæр фæкъулæй æмæ йæм дзуры: — Дæ хорзæхæй, мæнæ бæхыл сбад. 1 — Нæ, нæ, дæ нывонд фæуон, сбад дæхæдæг, мæ- нæн фистæгæй дæр ницы у. Хайуан йæ мидбынат змæлы. Йе стыр фындзы хуын- , чъытæй тæвд уæлдæфы улæнтæ скъæры. Йæ чысыл цыргъ хъустæ хатт.размæ фехсойы æмæ фæхуыррытт кæны. Фыццаг хуры тынтæ хъазынц йæ сырх лæгъз Оуарыл, йе ’взист саргъы аргъæвджытæ æмæ цæлпæр- тимæ. Лæппу та ногæй бадзырдта усмæ: — Дæ хорзæхæй, сбад! Ды — фистæгæй, æз — бæ- хыл? Къуыппæнзарæг мыл куы скæндзысты,— загъта уый æмæ Асинеты рифтæгтæм бавнæлдта, уайтагъд сæ йæ саргъыл иукъухæй æрæвæрдта, æмæ æгъдæнцойыл хæцы: — Цæй, схиз, науæд нæ дыууæйæн дæр æрæджы кæны. Асинет йæ сау кæлмæрзæн бадзæбæхтæ кодта æмæ 285
æгъдæнцоймæ йае^ сæракдзабырджын чысыл къах ба- хаста. Бæби йын йæ иу къухæй арæхстгай аххуыс код- та æмæ ус уайтагъд саргъыл февзæрд. Араст сты, лæппу бæхы идадзæй ласы. — Дæ нывонд ’фæуон, уа ’хсызгон кæдæм рабалц . дæ, де скъолайæ дæ куыд равдæлд? — Районмæ мæм сиды æфсæддон къамисар. Æнхъæл дæн, æфсядмæ мæ æрвитынц. - • — Æфсадмæ зæгъыс? Æ, дæ сæрылхаст æрбауон. Уæдæ махæн дæр Гагимæ куы ’рсидтысты. Знон æй нæ лæгæн хъæусоветы дзырдтой, — къулбæрзæйæ загъ- та ус. — Гъе, æмæ иттæг хорз. Чи зоны, иумæ службæ кæнæм. — Æй, мæ уд уын уый куы фестид. Уæд уæм мæ зæрдæ дæр не ’хсаид. — Æмæ нæм цæмæн æхсайдзæн дæ зæрдæ? Сырх Æфсад у лæгдзинады скъола æмæ йæ уадз, мах дæр каст фæуæм. Стæй дыууæ азы кæуылты агæпп лас- дзысты, уый зонгæ дæр нæ бакæндзынæ. — Бæргæ, дæ нывонд куы фæуин, фæлæ, мыййаг исты змæст куы рауайа. Бæби йæм скаст уæлбæхмæ, фæтæн мидбылты фæ- худт: — Ныртæккæ ницы змæстæй тас у. Науæд исты куы уа, уæд нæ ардыгæй дæр цæуын хъæудзæн. Ус арф ныуулæфыд. Цæуынц æнæдзургæйæ.. Алчи сæ хъуыргъуындæг кæны йæхи сагъæсты, стæй Аси- нет афтæ: — Дæ нывонд фæуон, æрис-ма бæхы рохтæ мæхи- мæ æмæ сæрибарæй цу, науæд тæригъæд дæ. — Æмæ мыййаг... байраг у æмæ... —-Нæ, нæ, æри сæ, ма тæрс,—загъта ус æмæ бæхы сæрты идоны кæрон æрбайста, йæхимæ йæ æрбалхъывта. Гъæймардзæ, хайуан фæхуыррытт кодта, йæхи, пур~ тийау, размæ фехста æмæ цыппæрвадæй фæтæхы. 286
— Æгъдæнцæйттæй дæ къæхтæ ралас, — ныхъхъæр ма йæм кодта Бæби æмæ йæ тых, йæ бонæй дугъ рад- та сæ фæстæ. ,Ус бæхы барцыл ныйичъи, саргъы зæгæлыйас ма зы- ны, афтæмæй тæхыг Цасдæр рæстæджы фæстæ фæн- даджы был иу цъæх иæумæ йæхи рахста. Хайуан цæх- гæр фæзылд, йæ барæджы цурмæ ’рбацыд. Ныххуыррытт кодта, йæ къахæй зæхх къахæгау кæны. Йæ цæсты- тæ тарстхуызæй ныхъхъоппæг кодта, афтæмæй усмæ басмыста. Асинет йæхи æрысгаёрстытæ кодта, фæлæ дзы цы- ма ницы фæрыст, æрмæст чысыл йæ рæмбынкъæдз дуды. Сыстад, бæхæн йæ ных йæ армытъæпæнæй æр- сæрфта: — Æвзæр, æрра цыдæр. Мæ уд мын мæ къæхты бынæй агæпп кæнын кодтай æмæ мæм ныр та, æвæццæ- гæн, хатыркурæг æрбацыдтæ? — сдзырдта худгæйæ æмæ идоны кæрон йæ къухмæ æриста. Уæдмæ Бæби дæр рахæццæ, лæнк-лæнкгæнгæ, йæ худ йæ къухы, йæ цæсгом ныссырх, афтæмæй: ’ — Æй, фæлдысты куыд фæдæ! , Аппæрста дæ мæ- зæрде. Исты ныццавтай? Асинет æм бахудт: — Ма тæрс, ма, дæ нывонд фæуон. Стæй бæхмæ дæр ма мæсты кæн. Бынтон æрра нæу. Мæхи куы рахс- тон, уæд мæм йæхæдæг фездæхт, ома цы бадæ?.. — Гъа, сбад æмæ цæуæм. — Нæ, ныр мæнæ районмæ æрхæццæ стæм æмæ ма цы бадон. Мæн мæнæ уæлæты баздаехын хъæуы,— загъта Бæби, стæй рифтæгтæ райста æмæ сæ Асинетмæ радта. Уый сæм халынмæ февнæлдта: — Фæлæу, мæ хур, мæнæ мæм иу авджыдзаг ис æмæ дзы иу баназ. Бæби йын йæ къухмæ февнæлдта: — Нæ, зæххы ардыстæн! Нæ нуазын. Цу, æндæра машинæ нал аййафдзынæ æмæ дæ ардыгæй горæтмæ бирæ ныууайын хъæуы. 287
— Уымæй мын ма тæрс, дæ сæрылхаст фæуон. Куы нæ ныййафон, уæд мæнæмæ дыууæкъахы — мæ’ машинæ. Кæд гор&тмæ æрцæуай, уæд-иу нæ абæрæг кæн. Бæби æнæдзургæйæ’ йæ сæр разыйы тылд бакодта/. æмæ йæ бæх идадзæй аласта уæллаг фæндагыл. Аси- ч нет йæ рифтæгтæ йе уæхскыл авæрдта æмæ та фæндаг- фæндаг арæуæг. 21. „Æ, сау бон мæ куыд баййæфта" Мады зæрдæ тæнæг у. Æмбисонд. Асинет сыстад боныцъæхты. Йæхи ахсадта æмæ кæсы йæ фырты фатеры къуымты. Сæхимæ, хохы,. ацафонмæ фыццаг хъуццытæ радуцы, стæй фосы бын-. тæ ныммæрзы - æмæ, æппынфæстаг, уæларынг балæу- уы. Уайтагъд сасиры тъыбар-тъыбур райхъуысы. Ныр ам, горæты, цы зьтлдмæ æрæвнала, йæхи цы фæкæна. Тыхсы: куы дуармæ рацæуы, куы та фæстæмæ баздæхы. Сынтæджы цур Гагийы цъындатæм фæком- коммæ. Систа сæ, æркæстытæ сæм кодта. Иуæн дзы йæ зæвæт—чысыл хуынкъ. Йе ’тарæй фæдзæлджын судзин раласта æмæ йæ уайтагъд нæуæджы хуызæн акодта. Æрæвæрдта йæ йæ бынаты æмæ та кæсы, цы ма ами кæнæ тæккæ зылдтыты афон? Гаги йæм хъæццулы бынæй иу каст ракодта, сусæ- гæй йæ мидбылты бахудт. • Стæй иннæрдæм азылд æмæ ногæй афынæй. Йæ мадæн ныр къуыридæргъы дзуры, афтæ раджы цæмæ фестыс, зæгъгæ, фæлæ йæм уый , нæ хъусы. Сæударæй фæгæпп ласы æмæ цы акуса, уый’ агурæг-зилын райдайы. Дуармæ та рауад Асинет. Балкъоны къуымæй^цъы- льп^ систа æмæ сæ фатеры ракомкоммæ уынг мæрзын райдыдта. 288
Уайтагъд йæ уæлхъус февзæрд иу стыр цырыхъ- джын ус, йæ уæхскыл дарпь уисой, афтæмæй,. Фæ- хъæр ыл кодта: — Гъей, ты баба? Что здесь делаешь? А ну-ка, уби- райся! Это мой участок! — йæ цъылын ын йæ къухтæй стыдта æмæ йæ сæ балкъоны размæ бахста, йæхæ- дæг даргъ уисойæ уынгтæ,' хосгæрдæгау, епп-опп рай-/ дыдта. I ’ А’скнет исдуг джихæй аззади, стæй йæм фездæхт: — Алæ, дæ ахсджцаг амæлæд, æвзæр къахбай цы- дæр, кæд дæ ам, нæ фатеры раз, цыхъæуы, уæд,—йæ цъылын та раскъæфта æмæ мæрзыныл фæци уырыс- саг усмæ æввахс: ^ ^ — Фесæф ардыгæй, æвзæр хингæнæг цыдæр! — хъæр ыл кæны æмæ тагъд-тагъд, сыллынг-сыллы’нг систа йæ .цъылынæй. Цырыхъджын æм йæ уисой фæхъил кодта: — Ану-ка, не пили здесь, а то я тебе голову!.. Асинет сæ балкъоны ’рдæм, хъæргæнгæ, алыгъд: . — Æ, дæ бындур ныззила, кæд дæ цыхæйрæгмæныл бафтыдта,— фæстæмæ фæкæс-фæкæс гæнгæ æрбазгъоры. Уынгмæрзæг æй худгæйæ суры. Уыцы уысм Гаги сæ -хъæлæбамæ афтид мидæггæгты сæ дуарæй ракаст æмæ йæ чысыл мады уыцы стыр усы разæй лидзгæ куы ауыдг та, уæд худæгæй бакъæцæл. — Чи у, чи, ацы лæгой, йæ бындур ныззила? — бал- къонмæ æрбагæпп кæнгæйæ, афарста Асинет. Гаги йаеГ тæнтыл ныххæцыд фырхудæгæй, йæ цæс- сыгтæ æркалдысты, афтæмæй йæ мадмæ кæсы: — Уый уынгмæрзæг у, уынгмæрзæг, гыцци. Уый тыххæй йын хицауад æхца фиды. Дæу дзы ницы хъуыд- даг ис, фæлæ мæнæ хæдзары сбад. — Уанцон нæу! Æмæ уæд ацы сыхы устытæ сæхæ- дæг цы аразынц? ^Алчи сæ йæ уынг расæрфынхъом нæу? Хицауадыл цы мæгуыры бон- æркодта, искæй цæмæн хъуамæ æххуырса? 19* 289
— Гыцци, хицауадæн та мах фидæм уыцы æхца,— йæ дарæс кæнгæйæ йын загъта Гаги. — Ау, дæ уынг рамæрзæггаг æхца фидыс?,—ныд- дис кодта ус. — Фидын, гыцци, фидын. Æмæ каыд æз нæ, горæты адæм се ’ппæт дæр.—Керасинкæ судзы Гаги. — Пу, мæ фыдбылызтæ сæхай! Сæустытæ бон изæр- мæ хъуына кæнынц æмæ...—-Асинет цайы мигæнæнтæ стъолыл æрæвæрдта. ... Гаги йæ куыстмæ ацыд. Йæ мад агуывзæтæ ~куыд æхсадта, афтæ йæ чызг Зæрæда къæсæрæй æр- бахызт: — Цы фæдæ, гыцци, нæма сгорæттаг дæ? — йæ тæ- нæг былтæй фæлмæн бахудт йæ мадмæ. — Алæ! Мæнæн мæ бон афтæмæй цæрын у! Бон изæрмæ дæ комы дæттæ уадз.ч Афонмæ мæ хæдзар доны къусысæфт фæци æвæгæсæгæй. Мæ рæуæдтæй иу мæллæг уыдис æмæ æнæзылдæй ныммæлдзæн. Науæд мæ бæдултæ, ныйиугæйттæ уыдзысты. Дæ фыды уыдонмæ æвдæлы?! Сывæллæттæ та æнæмæт сты... — Æнпындæр сын ницы уыдзæн,— загъта чызг, фæрс- саджы фæйнæгæй Гагийы чиныг райста, рафæл^æхта йæ: — Мæнæ уый Гагийы чиныг у, гыцци,—æмæ кæсын райдыдта: Æз дæ цъæх цæстыты арты Раджы басыгътæн, цырагъау. Цæй, цы ма мын баззад царды?— Иунæг ме стыр уарзты аргъау. — Мæ фæрстæ йын фехæлой мæ хъæбулæн. Цымæ кæй чызгæй зæгъы? Ныр афтæ зæрдæдзургæйæ æфсад- мæ дæр куыд фæцæудзæн?— агуывзæтæ скъапмæ хæс- гæйæ, сдзырдта Асинет. |— Æмæ, гъа, кæмæй зæгъы? Чи зоны, Тугъаны чыз- джы кой кæны. Уый уарзта афтæ бирæ, — чиныг дард- дæр фæлдахы Зæрæда. 290
— Дæ нывонд фон, Тугъан æцæг адæмы знаг разынд. Мæнмæ та уымæй хуыздæр лæг ничи каст. Раст æй ме. ’фсымæрыйас уарзтон. Уæлдайдæр ма нæм фæстаг хатт куы уыд, уæд... Хæйрæг базонæд, адæймаджы зæрдæйы цы ’мбæхст вæййы, уый... — Нæ зонын, гыцци. Иугæр æй æрцахстой, уæд, æзæццæгæн, истыгæнæг уыд. — Æмæ йæ чызг, кæнæ йæ усæй дæр ницыуал бæ- рæг ис?— бандоныл æрбадт Асинет æмæ йæ цыбыр ро- цъомæ йæ къух быцæу авæрдта. — Нæй! Уырысмæ, усы цæгатмæ фæфардæг сты æмæ... Цом, гыцци, дуканитыл азилинаг куы уыдтæ, Мæнæн дæр абон уроктæ нæй, æвдæлон дæн,—загъта чызг æмæ чиныг æрæвæрдта йæ бынаты. Чысыл фæс- тæдæр арастысты горæты уынгты... ... Гаги фæскуыст æрбацыд йæ фатермæ. Дуар ба- кодта æмæ, йæ дæларм гареты цы æхцайы къонатæ уыдис, уыдон стъолыл æркалдта: искæимæ дзурæгау афтæ бакодта: — Ард дæ хæдзары, цы бухгалтер дæ, кæд атæп- пæт сомты къонатæ мæн тыххæй сæрмагонд не ’мбырд кодтай! — йæхæдæг йе ’ттагдарæс раласта, йæ цырыхъ- хъытæ раппæрста æмæ сынтæгыл бафæлдæхт. Абон рауагъдады йæ чиныджы гонорар райста. Йе ’мбæлтты фæхуыдта æмæ йын сырх сæнæй зæрдиаг га- джидæуттæ скъæрын куы райдыдтой, дзаг стъолы уæл- хъус, уæд дзы йæхицæн дæр антыст. Йæ царды дæр- гъы фыццаг хатт дзæбæх бануæзтджын. Йæ тъыфыл хъустæ ныссырх сты. Минас куыфесты, уæд афициант- кæмæ иугай сомты къона баппæрста, банчы куыд ны- хæст уыд, афтæмæй. ^ Гъе æмæ йыл ныр йæ нуæзт тынгдæр æртæфст. Уæлгоммæ хуысгæйæ йæм афтæ зыыд, цыма уаты цар æмдымбыл зылд. Уайтагъд тæгæл фынæй аци... Цыдæр талынг комы бафтыд, алырдыгæй йæм æрттивынц би- рæгъы цæстытæ. Хъуамæ сыл ныхъхъæр кæнид æмæ йæ 291
дзых: нындзыг. ’ Йæ сæр риссы... Уалынмæ Нинæ йæ р>а- Л’ зы февзæрд, йæ уæлæ’, арæх-иу ц’ы урс цыллæ къаба^ дардта, уый. Дымгæ йын æй фæйлауы. Цыма йæ ныллæг хъæлæсæй фæрсы: " „Гаги, дæ сæр риссы?.. Æри-ма, æз дын дæ ныхылч мæ армытъæпæн æрæвæрон". Æрæвæрдта йæ æмæ лæп- пуйæн йæ сæр нал риссы. Йæ цæнгтæ чызджы бæр- зæйыл æртыхта, йæхимæ йæ æрыссывта, æмæ йын йæ уардигъуыз былтæн ныпъпъа кодта. Диссаг, Нинæ ацы’ / хатт йæхи нал атыдта Гагийæ, фæлæ йын йæхæдæг, ; дæр тæрк*пъатæй судзы йæ былтæ, йæ уадултæ, йæ ных... ’ ^ ] • - ’ ... Дуарæй æрбахызтысты Асинет’Ъмæ Зæрæда. Мад _ стъолыл утæппæт æхцайы кæлдтытæ куы ауыдта, уæд ныцъцъæхахст кодта: — Æ, сау бон мæ куыд баййæфта! Мæнæ цы ми ба- ( кодта!..—æмæ йæ бынаты бандоныл æрхауæгау кодта. . Чызг æм фæлæбурдта: —- Фæлæу-ма, цы кодтай, гыцци! , — Банк, банк фæхаста, мæ ^ртыл дон куыд ауагъ- * тон... Зæрæда ныххудтис: ; — Цæй банчы кой кæныс! Æвæццæгæн, йæ чиныджы гонорар райста. Знон мын дзырдта. ’ ’ . Ус тарстхуызæй сулæфыд. — Цы, цы? Цæй нары кой кæныс? — Нар нæ, фæлæ гонорар, мæнæ йæ чиныджы æхца, йæ чиныджы, -=- загъта чызг. Асинет сыстад, уæлæмæ йæ цæстытæ сзылдта: - — О, Лæгты дзуар, мæ хъæбул — де уазæг! 292
22. Фæндараст Æз цæуын Нæ тохы ’фсадмæ. Хъамбврдаатм Мысост. Арв æмæ зæхх кæрæдзи хостой. Уæвгæ, ноябры зæгъы къæвдатæ мæнæ-мæнæ тынг нал вæййынц, фæлæ ацы аз цыдæр хъарм ахаста æмæ ныр æртыккаг бон къæртайæкалæгау кæны. Гагимæ абон фæсидтысты æфсæддон къамисариатмæ. Йæ мад Асинет æм æнхъæлмæ кæсы, куыд æрæгмæ цæуы, кæм ис, зæгъгæ? Æрттæдæлармæй куы дуармæ рауайы, куы та уынджы фалæмæ фæраст вæййы, -Мæт кæны, цы зæгъдзысты йæ фыртæн фæстаг хатт, цæмæ ма йæм фæсидтысты?.. Йе стыр дзыкку къæвдайы ных- хуылыдз æмæ йæ чысыл чъылдымыл уæззау змæлы. Чысыл фæстæдæр уынджы фаллаг кæронæй æрба- зынд Гаги. Йæ мады куы ауыдта, уæд æм æрбатын- дзыдта. Йæ дæларм ын йæ цонг акодта: — Гыцци, райсом æмбисбон цæуæм. Бафæдзæхстой нын, цæмæй рахæссæм хæрæн мигæнæнтæ, агуывзæтæ... —-Дæ нывонд фæуон, æмæ æфсады нæй уыцы ми- гæнæнтæ? Æви æгæр бирæ сты æмæ сын нæ фаг кæны? — Нæ, нæ, гыцци. Æфсады алцы дæр бирæ ис, фæ- лæ цалынмæ нæ службæйы бынатмæ ныххæццæ уæм, уæдмæ нæ фæндагыл хъæуынц. — Фæлæу-ма, мæ хъæбул, æмæ дæ фыд райсоммæ уæд та не ’рхæццæ, уæд æнæ уый фенгæ куыд ацæу- дзынæ? Гаги ныххудт: — Гыцци, æфсæддон службæ паддзахадон хъуыд- даг у. Ам мæ фыд, стæй мæ мад дæр ницы давынц. Мæнæн загътой, райсом, дам, æуыцы æмæ æуыцы са- хатыл фæзын. 293
— Хорз, мæ хур, хорз! Цымæ Бæби дæр—демæ цæ* уы? — Бæбимæ дæр райсоммæ сидынц, — дзуры Гаги, йæ мады мæллæг уæхсчытæ æрбахъæбыс кæнгæйæ, —■ фæ- лæ абон Гивийæ дæр райстон писмо, —æмæ йæ дзып- мæ нывнæлдта. Уæдмæ сæ балкъонмæ æрбахæццæ сты. Сæ цæс- гæмттæй къæвдайы дæттæ æрлæмæрстой. Гаги систа ч Гивийы писмо æмæ кæсы: „Ныр иу къуыри дæн æфсады. Нæ службæйы бы-- нат ис Ныгуылæн Украинæйы Львовы областы. Иу мæ- йы размæ мæм Зæрæда фыста, Гаги æмæ, дам, Бæби дæр цæуынц. Хорз уаид, иумæ куы уаиккамц... — Мæ уд дæр уын уый куы фестид, мæ хъæбултæ, —сдзырдта Асинет æмæ йæ фыртмæ уарзæгой цæстæн- гасæй ’бакаст. — Гыцци, æмæ иумæ куынæ бахауæм, уæд нын цæ- мæй тæрсыс? Сырх Æфсад бирæ у, мæнæ стыр ден- джыз куыд уа, афтæ. Чи нæ кæдæм ахаудзæн, уымæн цы бæрæг ис. Уым ссардзыстæм ног хæлæрттæ, ног æфсымæртæ. Дæ зæрдæ нæм ма ’хсайæд æппындæр,— загъта лæппу æмæ уатмæ бахызтысты. Гаги электроны æргъæвæн фæкъæпп кодта. ЧысьГл, чъырæйцагъд уаты къулыл рухсы урс тæнбазыртæ сæхи айтыгътой. Афтæ ныттæмæн æмæ судзины бын фæ- дзæл дæр акæн! Асинет ныр къуырийæ фылдæр ис ам, фæлæ рухс куы ссудзы, уæд джихауæй баззайы, хъуыдыты аны- . гъуылы. Мæнæ алæмæты диссаг. Цы хæйрæг бады уыцы чысыл авджын тымбылæджы? Ау, мах æй цæмæннæ уынæм^Н Асинет рифтæгтимæ архайы, йæ фыртæн райсоммæ æвæ- ры фæндаггæгтæ, стæй йын къулæй райста йе *ттаг сгæл- лад,хæдон æмæ йын йæ сæхтæгуат хуыйыныл æрбадт. 1^аги райста, кæм фæфыссы, уыцы тетрадь. Рафæл- дæхта йæ æмæ йе ’рдæгфыст æмдзæвгæ ракаст: 294
Цæуын, мæ’ Ирыстон, дæ номæй Нæ сахъ, сæрибары æфсадмæ. Зæгъын ныфсджын æмæ уæндонæй— Къæм дын нæ хæсдзынæн дæ кадмæ. Рæстдзæф ирон лæджы цæстыты Уыньгн мæ абон ’мæ мæ фидæн. Фыдкарз лæгæвзарæн хæстыты Нæ хæс нæ туджы ’ртахæй фидæм... Асннет фæдзæл йæ дæндæгтæй сыскъуыдта æмæ йæ фыртмæ бадзырдта: — Дæ нывонд фæуон. Уыдон дзæбæх дзырдтæ сты. Лæппу хъуамæ уæндон æмæ ’взыгъд уа. Æцæгдæр хъуамæ къæм^ ма хæсса йæ сæр. æмæ йæ ныййарджытæм. Фæлæ-иу, дæ нывонд фæуон, дæхимæ кæс дзæбæх’. Чи дын æхсдзæн дæ дарæс, кæнæ дын афоныл хæринаг чи дæтдзæн? — Гыцци, цал хатты дын загътон, Сырх Æфсады хæрд æмæ дарæсцух ничи у, нæ дæр рæвдыдцух. — Æ, тæхуды,—сдзырдта ус æмæ йæ фыртьг раз фæздæгкалгæ цайы агуывзæ æрæвæрдта... ...Дыккаг бон бæстыл хур атылд. Фæззæг нæ, фæ- лæ цыма уалдзæг уыд, уыйау зæхх сулæфыд зулмæ ныдзæвæг сыгъзæрин тынтæм. Асинет фæстаг рæвдзы- тæ кодта йæ хъæбулы, афтæ дуарæй æрбайхъуыст дзæнгæрæгхъæлæс бæхы уасын. — Ми-и-и-и!.. Гагийæн фыссæн чиныг йæ къухы, афтæмæй балкъон- мæ рагæпп кодта. — Гъе, Гаги, мæнæ уазджытæ, уазджытæ! — фæ- хъæр кодта Басыл æмæ йæ ехсæй йæ дæрзæг цырыхъхъы зæнг æркъæрцц ласта. Йæ фарсмæлæууæг Асæгомæ бакаст: — Æнхъæл дæн, дæ фырт ницы лæг рацыд. Асæго йæ цуркбоцъо адаудта: — Цы гæнæн ис? „Йæ фыды фæндиаг кæм вæййы фырт дæр". 295
Гаги уайтагъд сæ разы февзæрд. Басылæн йæ къух, райста, йæ фыдмæ иу хæлар цæсгæнгас баппæрста, стæй сын сæ бæхтæ хæдзары фарсмæ æрбаста., Се, ’хтæнгтæ сын бауæгъд кодта, сæ идоны къæбæлтæ сын рафтыдта, стæй сыл уаргъæвæрдæй къæссаты цы цæ- хæры хуызæн цъæх хос уыд, уымæй сæ разы æрæ- вæрдта. Лæгтæ хæдзармæ бахызтысты. Бæхтæ ныххуыррыттытæ кодтой æмæ мерс райдыд- той зæлдаджы хуызæн хос. Уæдмæ Бæби æмæ Мурту дæр æрбацыдысты. Мурту та йæ къухтæ йæ риуыл дзуарæвæрд акод- та, йе стыр дзых мидбылхудты фæсхъустæм ахæццæ æмæ афтæ: — О, æмæ ныр сымах æфсадмæ цæут. Мæн та ам кæмæн уадзут, кæ?! — Гъей, æфсымæр, „сæйраг батрак", амдæр хъуамæ исчи уа, уæдæ куыд! — загъта Гаги æмæ . йæ мидæмæ бакодта. — Æнæуи дæр, Мурту, æфсады бобрик палто æмæ лак туфлитæ не сфидаудзысты, Фæлтау мæн æмæ Га- гийы эуадз,— йæ даргъ аёрфыг йæ фæтæн ныхыл уæ- лиау сыскъæрдта Бæби. Гаги сæ дыууæйы дæр фæурæдта: — Канд мах нæ! Гиви — нæ натлиа—иу мæйы агъоммæ ацыд æфсадмæ. Знон дзы писмо райстон Львовы об- ластæй. Мах дæр уырдæм куы арвитиккой, — йæ цæс- тытæ базылдта Бæбимæ, стæй йæ сахатмæ æркаст: — Æллах, иу сахаты йедтæмæ нал ис. Цомут мидæ- , мæ! Басыл æмæ Асæго бадтысты стъолы фарсмæ. Сæ разы, дурын йæ къухы, афтæмæ й уырдыг лæууы Зæ- рæда. Лæппутæ дуарæй куы ’рбахызтысты, уæд сæм Ба- сыл дзуры:. ^ — Уæрынтæ ахæрон, фæйнæ аназут, уæхи бафæ- дзæхсут, цæмæй уæ æфсæддон, лæгуарзон Уастырджи фæндараст фæкæна. 296
’’ Зæрæда карз арахъхъæй сыкъатæ æрæдзаг кодта. Фыц- > цаг æй авæрдта Мурту æмæ’Гагимæ, стæй йæ Бæбимæ куы бахаста, уæд сæ цæсгаенгæстæ сæмбæлдысты. Лæппу фæсырх æмæ йæ сæр уырдыгмæ ауагъта. Мурту, хъæды лыггаджы хуызæн цыбыр, фæлæ фæ- тæнтæарæзт лæппу, хистæртæм бакаст æмæ акуывта: —Мах, раздæры искæйуæттæ, Советон хицауадæй зонæм м’ад, фыды рæвдыд. Абон мæнæ ацы дыууæ лæппуйы, стæй ноджы не ’мбæлттæ цалдæрæй цæуынц , нæ номдзыд Сырх Æфсадмæ. Гъе, æмæ сæ ирон Уас- тырджи фæндараст фæкæнæд. Сæ службæ дзæбæхæй кæм сæххæст кæной æмæ ныл сæрæгасæй кæм сæм- бæлой. - — Кувгæ хорз акодтай, æфсымæр, фæлæ йæ база- рын хъæуы, — радзырдта йæм Басыл. — Бæргæ, фæлæ, — йæ сæр фæныллæг кодта Мурту. —Хистæрмæ бадзурын зын у, фæлæ нæ дæхæдæг куы сбуц кæнис- Басыл æмæ Асæго сыстадысты æмæ зарæг ныззæ- .лыдис: Ой, фæндагсæр Уастырджи уæ фæндараст фæкæиа, Ой, мæнæ нæ ньгфсы кæстæртæ. , , Ой, кад æмæ «ыл намысимæ Фæстæмæ сæмбæлат, ой... ’*' Хистæртæ æмæ Мурту сæ нуазæнтæ анызтой. Гаги æмæ сæ Бæби фынгыл æрæвæрдтой. Цæуынафон сси æмæ иууылдæр дуармæ рарастысты. Зæрæда йæ кофтæйы дзыппæй цыппардыдагъ къух- мæрзæн дуаргæрон Бæбийы армы фæсагъта. Уый йын йæ къух аивæй ацахста, фæлæ йæ чызг атыдта æмæ йæм тызмæг мидбылхудгæ бакаст. Асинет йæ фырты фæсте фæурæдта. Йæ рифтæг- тæ йæм радта, стæй уазал пецы трубæйыл йе ’нгуылдз æруагъта æмæ йын æй йæ ныхыл æрсæрфта: — Лæгты дзуар æмæ бынаты хицауы фæдзæхст у, 2971
мæ хъæбул, — стæй иннæрдæм азылд æмæ йæ цæсты- шг йæ кæлмæрзæны кæррнæй асæрфта. Гаги ныххудт æдоæ йæ с;æр батылдта: — Ой, гыцци, гыцци, кæд мæ нывонд нæ кæныс. Хорзæй баззай. Мæнмæ дæ зæрдæ ма ’хсайæд,— æрба- хъæбыс ма йæ кодта фæстат хатт...
СÆЙРÆГТÆ Радзырдтæ Мæ рагфыдæл ’. 3 Файнустытæ 5 Кæрдтыл ахъазыди хур .11 Къуырдтон карк 18 Фыццаг цæссыг 22 Куырæт . . . • 24 Афицеры радзырдтæ ........ 26 Уырыссаг зæрдæ . 37 Т ы р ы с а 43 Хурыскаст 47 Кæстæриуæг ’ 52 Хуры чызг . 58 Зынаргъ уазæг 60 Сæуæхсидæй — зæрæхсидмæ 70 Уацаутæ Мæйрухсы , 95 Комы нарæджы ’ . . . .183
ГЕОРГИЙ ХАСАКОЕВИЧ ДЗУГАЕВ ЛУННЫЕ НОЧИ (Рассказы ’и повести на осетинском языке) Издательство «Ирыстон» 80)3660650 С6900&0 • (ЗспооЬсосоозОО со1>^)СО Д&Л; ^о9спЗ(зд9^со&о „осооЬотсоб" Редактор А. С. Пухаев Художник С. В. Дзеранов Худредактор А. Д. Ванеев Техредактор Ш. Г. Елбакиев Корректор О. М. Бибилова Сдано в набор 20/111-1970 г. Подп. к печ. 22/У-1970 ,г.'Формат бумаги 84x108782. Уч.-изд. листов 12,65. Усл. печ. листов. 1б;8Г Ти- раж 1000 экз. ЭТ 00217. Заказ № 459. Цена 55 коп. ; Издательство «Ирыстон», Цхинвали, Ленина, 3. ’ ^ Цхинвальская типография, Цхинвали, Московская, 5.