Text
                    ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ
РАУАГЪДАД
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1963


Ынк ШЫ( УÆ СТИ ТИ/Т/Е СЫ|^/Л/Е7Т€Н
/ын дрйш |<æНыН Цæ ру КЪЛТЬ1/ф1 Ь/к<у4 И4р Ы Т7Е/1Л1/Щ /1еоНИ4 М^твеевЫ кЬНл мЬ|вт/е
Ацы чшшг ныффыста италийаг поэт Джанни Родари. Италийы мæгуыр адæмы сывæллæттæ цæрынц уазал пъадвалты, хæлддзаг хæдзæртты æмæ талынг лæгæтты. Æфхæрд дзыллæ тох кæнынц сæ бартыл бонджынты ныхмæ. Уыцы тохы бацæуынц сабитæ дæр. Джанни Родари кусы журнал «Пионье- ре»-йы. Уый йæхæдæг афтæ зæгъы: «Мæн фæнды сыв&ллæтты сахуыр кæнын дзырд- тыл: «сабырдзинад», «сæрибар», «фæллой», «æппæт адæмтимæ дæр лымæнæй цæрын», æмæ мын æхеызгон вæййы, куы сæ бахъæл- дзæг, бахудын кæнын, уæд». Иухатт Джанни Родаримæ иу сывæл- лоны мад писмо æрбарвыста, зæгъгæ, дам, мæ лæппу Чиччоимæ цæрæм æнуд, уымæл пъадвалы. Ныффысс, дам, ма уымæн дæр иу æмдзæвгæ. Æмæ йын, æцæгдæр, ныф- фыста. Сабитæ бирæ уарзынц сæ поэты, йæ уацмыстæ йын зоньшц æнæ чиныгмæ кæс- гæйæ. Уый сын фыссы радзырдтæ æмæ таурæгътæ дæр. Джанни Родари у Советон Цæдисы сывæллæтты стыр лымæн. ДЖАННИ РОДАРИ Я ШЛЮ ВАМ ПРИВЕТЫ, Я ВАС ОБНИМАК)! Стихи для детей младшего школьного возраста Перевод с русского А. Царукаева Северо-Осетинское книжное издательство Орджоникидзе * 1963
’ " х * \ 1 ДАРДБАЛЦ ^ Тæхуды, куы ’рзилин зæххон дард хæтæнты, Мæн алы ран сабиты фенын æрфæнды,— Куыд хуинынц сæ нæмттæ, куыд цæуы сæ цард... Мæ зæрдыл æрлæууынц, фæкæнын æнкъард. Ныр скъоламæ уыдонæй читæ фæцæуы, Миййаг сæ цæуын та кæд дардмæ фæхъæуы?.. Нæма зонын, оххай, сæ кар, йе сæ тыхст... Сæ фыдæлтæй ис, цымæ, алкæмæн куыст? Кæмæ-иу фæкæсы сæ хуыссæнтæ исын, Чи сын фæдæтты варенæ ’мае хос? Дзыхмæ сæ исчи йæ æнгуылдз куы сисы, Чи йын фæзæгъы уæд: «Афтæ нæу хорз». Чи сын æруадзы сæ сæртыл сæрвасæн, Дзыккуты пыхцыл сын чи кæны лæгъз? Се ’скъуыд хæлафыл æмпъузæн, æмхасæн Чи хуийы, уыдон куынæ зонын æз! 5
Рахатин, чи у фыдуаг кæнæ сабыр, Талынг мæйдары дæр чи у хъæбатыр. Базонин, алкæй нывæрзæны ц ’ис — Фены фыдфын, йе — хæрзфынтæ? Сабиты хатгай куы схурх кæны низ, Чи сын фæсуры сæ рынтæ? Аууон куы фæдары хæдзары къуым, Чи сын фæзæгъы: «Дæлимон нæй уым». Дунетыл фендзынæн алы бынат. • — Сабитæ, абон æгас мæм цæуат! — Саулагъзæй, хурсыгъдæй, урсцъарæй — иууыл, Чи хъазы хæхты сæр, Быдыры риуыл,— Чи райгуырд сахар Турины, Чи цæры абон Берлины, Чи рæзы абон Пекины, Чи худы абон Мæскуыйы, Скæсæн бæстæты рæсугьд, дидин-тау. Хæсты цæвæгæй кæрдынæн — æвгъау. Æрттивæд куыдфæнды уæ дзыккуты хуыз — Мæ салам — сымахæн! Кæнын уæ хъæбыс! 6
ЧИ ЦАВÆР У? Алы хъуыддаг дæр, дам, Хицæн тæф сайы. Дзултæ уæйгæнæнæй Дзулы тæф уайы. Стъолгæнæьг сарайы Ног фæйнæг афа^цы... . ’Хсызгон тæф рацæуы Нæзыйы хафæнтæй. Дуæрттæ ’мæ рудзгуытæ Сахуырста ахорæг — Туагхæццæ карз тæф Рауадзы ахорæн.
Шофыры къуртгæ нын — Бензины хъæстæ. Сæрдæнæй хъулæттæ — Кусæджы гæрстæ. Фосмæ зилæг нын Фосы тæф кæны. Дохтыр та уæдæ Хосы тæф кæны. Хуымгæнæг лæгæн йæ дæрзæг къухтæ Хуымгонд зæххы смаг Кæнынц æдзухдæр. 8
Кæсæгтæахсæг Æрцахсы кæф. Фæкæны уый та Кæсаджы тæф. Тугцъир магуса Хæры, æфтъæры. Фыдгæнды хъуыды Вæййы йæ сæры. Бæргæ, йæхиуыл Духи æркæны... Уæддæр, мæ хуртæ, Хорз тæф нæ кæны! - ^^№^1>>;\Ш$&Ш ^Ш 9
СÆ УЫНД ÆМÆ СÆ МИ Алы хъуыддагæн дæр — Хицæн йæ хуыз. Дзулгæнæг, уæртæ-ма, Урс у, уыныс? Æрфгуытæ, сæрыхъуын — Иууылдæр урс у. Мæргътимæ рабады, Талынгмæ кусы. Стыр нау ныуузæлы... Сау-сауид, тар — Слæууыди пецы раз, Кочегар! Ахорæг даргъ цъылын Систа,' кæсы. Хъулæттæ-мулæттæ Дарæс хæссы.
Алкæд цъæх дзаумæтты Кусæджы мах Фенæм фæцæйцæугæ Заводмæ тагъд... Кусæджы къухтæ — Милæй сты ахуырст. Маслæ ’мæ зети сæ Иннæрдæм ахызт. Бонджынты къухтæ — Лæгъз æмæ урс. Се ’нгуылдзтæ растдæр Рæсыдау — хæмпус... Нæй сыл сæджы хъæстæ, Догъыты ’ртах. Гъе, фæлæ хорз хатæм Уыдоны мах... Бонджынты буары цъар урс у бынтон, Фæлæ сæ митæ та сау ысты, зон!
КÆСАГАХСÆГ — Ей, кæсагахсæг, рæстмæ уай, Заргæ, худгæйæ, фæцæуай, Ды цы фæагурыс фурды Уаргæ бонты кæнæ хурты? — Хъазынц уылæнтæ хъæбыстæй, Уырдæм баппарын мæ хызтæ,— Дзагæй сæ кæд сурмæ сласин, Кæд батинкæтæ æрцахсин... У мæ фырт бынтон бæгъæввад, Сси мæ фырт бынтон хъæбæрвад. Къахыдарæс ис уæййаг дæр — Нæй æхца хæрыны фаг дæр... Батинкæты тыххæй, тæккæ, Ахсын алы бон кæсæгтæ. Стæй мæ чызг — бæгънæг, фæкæуы, Уый та къабайаг куы хъæуы!
СУСÆНЫ МÆЙ ÆМÆ ГОРÆТАГ САБИТЫ ТЫХХÆЙ Хур куы ’рсудзы сæрды бонты, Ацу горæтæй уæд дард. Де ’взонг гом, бæгънæг фæсонтæ Денджызы был хурмæ дар. Баленк-иу кæн науты рæзты, Змисыл, хъазгæ, бон æрвит. Йе та райсомæй хæхбæсты Æхсæрдзæнты най дæхи. Фæлæ кæд дæ фыд, дæ мадæн Саразын сæ бон уый нæу — Сæрды горæты ’дæ бадæн, Судздзæн асинтыл хур дæу. йе та уынджыкъæйыл хуысс, Æмæ хъæдрæбынтæ мыс.
Æз хицау куы суаин, зæгъæм, президентæй Куы ’рцæуин æз искæд æнæнхъæл æвзæрст,— Мæ дзырдæй уæд ахæм закъонтæ, декреттæ Æрцæуиккой уынгтæн сæ тигътыл ныхæст: I Ацы бæстæйы ысуинаг кæстæртæ Ма цæрæнт горæты алы аз сæрды. II Денджызы былтыл сæ рæстæг æрвитæнт. Хардз сыл цы бахъæуа — паддзахад фидæд! III Раттут сын ноджыма Альпийы хæхтæ, Гауыз быдыртæ, уыгæрдæны рæгътæ! КÆРОНБÆТТÆН Чи хала ацы æртæ стыр закъоны — Ахст уый æрцæудзæни,— бабын йæ къона. 14
ÆХХУЫРСТ ЧЫЗГ Кусæг мæгуыр чызгыл Хъæр кæны йе ’фсин: — Раст дæ дæ къабазæй Уынгмææз фехсин! Сау рын дæ ахæсса, Ракæс-ма, гъы, сæлхæр, Къабайыл иту Сæвæрдтай тынг æвзæр! Алы бон — исты ’лхыскъ, Маст у, бæллæх у! — Кърендели багæлир, Лывзæ æдзæхх у! Гæды æххормаг у, Кофе та — ссинаг. Сызгъæрин дзаумæттæ — Иууыл сæрфинаг. Банкæтæ, агуывзæ Асастай барæй... Чызджы налат æфсин Тухийæ мары.
ЦЫТДЖЫН НАУ — Кадджын ыстыр нау, зæгъ-ма нын, цы ласыс? Цымæ, дæ хъару уæргътæ хæссын цас у? — Мин лæджы ахæссин, рогæн, æнæмæнг, Дурын æвзалы, хæринаг, хъæдæрмæг. Шлюпкæтæ, катертæ, стæй капитаны, Алцы йæ бынаты, алцы йæ раны... Æз Коста-Рикæйæ, уылæнтыл бадгæ, Уайын Китайы онг, уылæнты фадгæ. Фурды хъæбысы фæйнæрдæм фæлгæсын, Уадæй, тымыгъæй, къæвдайæ нæ тæрсын. Искуы мыл бомбæтæ, танктæ куы ’вæрой, Стæй мæ фыдгæнды фæндагыл куы тæрой — Уыцы фыдбылыз уæргътимæ уæд и Денджызы бынмæ нывзилин мæхи! 16
ЦЫРГЪГÆНÆГ Бынмæ-иу æрхæцыд йæ къахæй Лыстæг гæрзыл, цалх-иу æрзылд. Егъау цалх-иу хаста йæ рагъыл, йæхæдæг та фпстæгæй цыд. 2 Джаини Родари 17
БЫЗГЪУЫРТÆ ÆМБЫРДГÆНÆГ — Ей, фæндаггон, ей, нæ уазæг, Ей, зæронд бызгъуыртæ ласæг, Джихæй алырдæм цы кæсыс? Уый дæ голладжы цы хæссыс? — Ис мæм иу басмахъ — æнæ бын, Ис кæрцы къæрид — æнæ хъуын, Иу уадындз, йæ хæтæл — таст, Иу цайнык, йæ хæцæн — саст. Иу ызгæ, ыскъуыд фарс аг, Хæрынкъайæн нæй æвзаг. Ноджыма уæдæ цы хæссын, Уый æз никæмæй æмбæхсын,— Иу æнæпартфел министр, Уый йæ бынатæй ныр ист у. Адæмыл нæ цыд рæстмæ, Алы бон дæр сидт хæстмæ. Уымæй дзы æвзæрдæр нæй — Ис уый се ’ппæты бынæй. 18
УЫНГМÆРЗÆГ Æз чи дæн, кæд уымæй ис исчи фæрсæг,— Æз рагæй-æрæгмæ — уæ уынгтæ мæряæг. Гæххæтты гæбæзтæ, Ыстæгæй, къæрисæй, Къалосы яырхæнтæ Сæрфта-иу мæ уисой. Бафæрсут алкæйы,— Хъистгæнаг тачкæйы Ластон бызгъуыртæ, ыснарæг мæ уд... Æмæ-иу цас бырон Акалдтон алы бон — Фæлæ ныззæронд дæн мæнæ, кæсут? Рæхджы мыл уынгæг бон, æмбарын, кæндзæн,— Куы рамæрзой уыцы бырæттимæ мæн! 19
ХÆДЗÆРТТÆАРАЗÆГ Аразын галуантæ Адæмæн иутæн — Бонджын æлдæрттæн, Урскъух æхсинтæн. Алы æввонгхор Гуыбынджынтæн а бæсты Бирæ уæладзыг Хæдзæрттæ фæцарæзтон. Фæлæ мæ усимæ Махæн та — ницы. Сау зæронд баистæм Иу хæлд къæбицы.
Рудзынг — æнæ авг. Къултæ та — кауæй. Цар у æнæмбæрзт, Тарваз æрхауы. Мрамор æрлæгъз кæнын, Афадын къæйтæ. Аскъæрын фурды был Стыр бæстыхæйттæ! Кусын кæмæндæр Тыхамал, зынæй. Фæлæ мын мæхи та Хъуыдыгæнæг нæй.
СЫГЪДХУЫССЫНГÆНÆГ Æз — сыгъдхуыссынгæнæг, артæн Уайтагъд ацахсын йæ хурх. Сау фæздæг мæ лидзы дардмæ, Зынг мæнæй тæрсы æдзух. Слæууы арт хæрдмæ, гæнахау — Афу йæ кæнын цырагъау. Махæн бирæ у нæ бон,— Арт кæсы нæ коммæ. Фæлæ хæсты зынг бынтон Нæу хуыстгонд кæронмæ.
Ног куы ссудза сæфты арт — Зæххыл атыхсдзæни дард. Хæстæн мауал уа йæ кой, Цард цæмæй уа алкæм — Сыгъдхуыссынгæнджытæ суой Растыл дзурæг адæм. Хæст кæмæн у знаг, фыдгæнд — Сыгъдхуыссынгæнджытæ суæнт!..
УАЦХÆССÆГ — Ды бæстæтыл фæзылдтæ, адæмы фæфарстай, Нæ газетæн, зæгъ-ма, цы ног хабар æрхастай? — Уыдтæн æз дард бæсты, Сиамы, стæй Китайы, Шотландийы, Вьетнамы, Парагвайы. Цынæ федтон, цынæ бæстæ мæ балцы — Советон рухс Цæдисы, ноджы Францы; Канадæйы, Америчы, Конгойы, Афганистаны, Индийы зылдтæн. 24
Хъæддаг адæм Ням-Ням, Бонго-Бонгойы Тæссаг, тызмæг лæгæтты дæр уыдтæн... Фæхаттæн хæхты, быдырты... фæфарстон — Æмæ æрмæстдæр иунæг уац æрхастон: О, уыцы хабарæй Нæ уыдзæн хуыздæр, Ысфидаудзæн уымæй Нæ газеты сæр. Йæ дамгъæтæм худдзæн, Уæд райдзæни цæст: «ДУНЕЙЫ ДЗЫЛЛÆТЫ КУЫ НÆ ФÆНДЫ ХÆСТ!» 25
чиччо Чиччо нын пъадвалы цардæй фæтыхсы. Чиччо сынтæджы хæлддзагыл фæхуыссы. Къуымы æхсæнтæ дон, смаггæнгæ, скул. Саст бандон, стъол дæр ныттæссар, ныкъкъул. Пъадвалы гом рудзынг — сохъыр, цъынд цæстау, Адæм дыууæрдæм фæкæнынц йæ рæзты. Рудзынджы тæрхæгмæ искуыд ысхиз — Бирæ цæуæг къæхтæн фенæн уæд ис. Цас и æддейы цъæх фæзтæ, дыргъдæттæ, Фонтантæ фехсынц уæлвонгмæ сæ дæттæ. Ацы пъадвалæн йæ къултæ — хуылыдз. Зæхмæ сындæггай лæдæрсынц, тæдзынц. Лæппу къух асæрфы пъадвалы сисыл, Ие ’нгуылдз йæ дзыхмæ уый адæргæй сисы.
САБАТБОН ИЗÆРÆЙ Сабаты’рцыди нæ дарæг изæрæй, Не ’хсæн æрбадти, худ систа йæ сæрæй. Загъта: — Æнæхайыр рауад мæ куыст — Ацы къуырийæн гыццыл райстон мызд: — Дарæм æфстæуттæ,— ысдзырдта нæ мад дæр,— Ссадæй, пырындзæй куы фесты зынаргъдæр... — Уæдæ куыд цæрдзыстæм,— батыхст нæ фыд, Хъизæмар, катай йæ цæсгомыл зынд. — Уастæн... мæхъæбултæ,— хаты нæ мад,— Райсом фæдзæгъæл уæ кинойы рад- Дзуры нæ дарæг фыд: — Ацы ’хсæз боны Хъеццаугæнæныл нæ хъаздзыстут, зонын. Æмæ нынкъард ыстæм... алчидæр тыхст: Ницæйы фаг у нæ фыдæн йæ мызд. 27
МОДЕНÆЙЫ ЦÆРÆГ ЛÆППУ — Ызнон дæр ма худгæ, куы заргæ ызгъордтай — Нæ цæуыс ныр уынгмæ; зæгъ-ма нын, цы кодтай? — Ызнон æмæ абон — кæрæдзийæ дард. Нæ дарæг фыдæлтæн æрныгуылд сæ цард... Куыд зын у, куыд зын у йæ радзурын, йе ’ской — Нæ фыдæлты абон фæд-фæдыл куы фехстой. Хур нал кæсы абон ызнонау мæнмæ,— Æз диссæгтæ федтон ызнонæй нырмæ... Нынкъуыстис-иу фабрикæ топпы гæрæхтæй — Йæ кусджытæ хаудтой уæд зæхмæ дыдæгътæй. Кæмæн бацъынд абон æнусмæ йæ цæст — У йе ’станок уымæн тырысайæ ’мбæрзт. 28
ВЕНЕЦИ Зæронд, къæлаетгонд хид уыны Рæсуг, сыгъдæг доны йæ хуыз. Бынæй йæм ног мæй дæр зыны, Зыны бæрзонд арвы хъæбыс. Ыскалынц стъалытæ цæхæр, Дон фестадис æвзист. Æцæг хид кæцы уа уæддæр, Æцæг мæй кæцы схонæн ис?
МИТЫН ЛÆГ Кæсут-ма ацы митлæгмæ, Ныггæлиртæ ныридæгæн. Куы фæхъарм бон, куы ’ртæфсти рындз, Уæд уайтагъд атади йæ фындз. V- Уæдмæ йæ хур куы ’ртавта цъус — Цыхцырæг фестади йæ хъус. йæ галиу къах ын куыдз фæласта, Æви йæ гæды кæд фæхаста? Мæнæуы гагатæй — йæ цæст, Сырддонцъиу сæ фæкъахта, Æмæ дзы афтæмæй æрмæст ’ Уый афтид къуск ныууагъта. Иæ размæ сабитæ цæуынц, йæ цуры сабитæ лæууынц. Æмæ сын бацайдагъ и хъаст, Сæ къухы — уисой, бел... æваст Йæ хъæмпхуд бамидæг кæмдæр, •Æртылдис уалынмæ йæ сæр.
ЧИНЫДЖЫ ИС: Дард балц -.-... 5 Чи цавæр у? 7 Сæ уынд æмæ сæ ми 10 Кæсагахсæг 12 Сусæны мæй æмæ горæтаг сабиты тыххæй 13 Æххуырст чызг 15 Цытджын нау’ 16 Цыргъгæнæг 17 Бызгъуыртæ æмбырдгæнæг 18 Уынгмæрзæг 19 Хæдзæрттæаразæг 20 Сыгъдхуыссынгæнæг 22 Уацхæссæг 24 Чиччо 26 Сабатбон изæрæй 27 Моденæйы цæрæг лæппу 28 Венеци 29 Митын лæг 30 I 31
Джанни Родар и Я шлю вам приветы, я вас обнимаю! Редактор Б. А. Муртазов Художник Л. Д. Матвеев Худ. редактор У. К. Кануков Техн. редактор Е. У. Датриева Корректоры И. Д. Каболова, В. Т. Сырхаева Сдано в набор 6-Ш-1963 г. Подписано к печа- ти 31-У11-1963 г. Формат бумаги 60х921/1б. Печатных листов 2. Учетно-изд. листов 1,52. Заказ № 295. Изд. № 26. Тираж 2000. Цена 7 коп. Северо-Осетинское книжное издательство, г. Орджоникидзе, ул. Гражданская, 2. Рсспубликанская кннжная типография, г. Фрджоникидзе, ул. Джанаева, 20.