Author: Дзаболаты X.  

Tags: уацмыстæ  

ISBN: 5-7534-0523-1

Year: 1992

Text
                    ДЗАБОЛАТЫ
ХАЗБИ
УАЦАМОНГÆ
УАЦМЫСТÆ
Дыккаг баххæстгонд
рауагъд
Чиныг сарæзта æмæ
йын разныхас ныффыста
Ходы Камал
Дзæуджыхъæу «Ир» 1992


84 Осет ДП Сборник дополнен ранее нигде не публиковавшимися произведениями поэта Дзаболаты X. Д-11 Уацамонгæ: Уацмыстæ. — Дыккаг баххæстгонд рауагъд.— Дзæуджыхъæу, Ир, 1992—399 с. Дзаболов X. Д. Волшебная чаша: Стихи. 15ВЫ 5-7534-0523-1 „ 4702500202—16 Д 131—92 340сет М131(03)—92 э’шсет 15ВЫ 5-7534-0523-1 © Дзаболов X. Д., 1992
& Дæн цæуыныл авд дæлдзæхмæ разы, Басгарыныл зæххы арф къæсæртæ... Гъе æрмæст туг ме уæнгты куыд хъаза, Рæвдз куыд куса, абонау, мæ зæрдæ. Фæлæ туг куынæуал зила уæнгты, Уæд мæн зæххы арф уæвын нæ фæнды; Уæд фæдзæхсын: «Ма скъахут фыр хъыгæй Арф мæ ингæн,— уадз æмæ мыл уара,— Яскæд рæстæг ме стджытæн сæ рыгыл Кзгд æрзаид цардыхосæн тала...»
©■ МÆ БИОГРАФИ Дзаболаты Дударыхъойы фырт Хазби. Рай- гуырдтæн 1931 азы Алагиры районы Ногхъæуы. Ахуыр кодтон астæуккаг скъолайы, куыстон колхо- зы. 1951 азы ацыдтæн Советон Æфсады рæнхъы- тæм æмæ дзы службæ кодтон 1954 азы онг. 1954 азæй 1956 азмæ куыстон Садоны, геологон сгар- джытимæ (геологон сгарджыты къорды). 1956 азæй 1960 азмæ та куыстон Буроны æрзæткъахæ- ны, хохкъæртгæнæг æмæ æрзæткъахæгæй. 1960 азы ацыдтæн аосуыр кæнынмæ Мæскуыйы Горькийы номыл Литературон институтмæ æмæйæ каст фæдæн 1965 азы. Æмдзæвгæтæ фыссын райдыдтон иу-фынддæсаз- дзыдæй, фæлæ сæ мыхуыр кæнын мæ зæрды никцы уыд. Фыстон бирæ. Æфсады службæ кæнгæйæ ныффыстон бирæ лыриКон æмдзæвгæтæ æмæ æр- тæ стыр кадæджы. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ бæззыдысты æмæ сæ фæстæдæр басыгътон. Ныр- тæккæ йыл фæсмон кæнын, фæлæ 1956 азæй размæ цыдæрыддæр ныффыстон, уыдон сыгъд æрцыдысты. 1952 азы ме ’фсæддон æмбæлттæ, ирон лæппу- тæ, мæ сусæгæй ме ’мдзæвгæтæй цалдæр рафыстой æмæ сæ сæрвыстой газет «Æрыгон коммунист»-мæ. Уым сæ иу мыхуыргонд æрцыд. Ме сфæлдыстады райдайæныл нымайын 1956 аз. Уæд ныффыстон, мæ сæрмагонд æрмдзæф кæм фæ- зынд, ахæм къорд æмдзæвгæйы. Уæдæй фæстæмæ —4—
райдыдтон мыхуыр кæнын дæр. 1960 азы, шахте- рæй куыстон, афтæмæй рацыд ме ’мдзæвгæты фыц- цаг æмбырдгонд «Хæс», 1963 азы — æмдзæвгæты æмбырдгонд «Æртдзæст» æмæ 1967 азы—æмдзæв- гæты чиныг «Къахуынæр». 1964 азæй нырмæ дæн советон фысджыты Цæ- дисы цæнг.
РУХС ФÆНДТÆ ХÆССÆГ Зарæг нывæндгæйæ, Зæрдæ цæмæн риссы? Хорз зарæг афтæ арф Риумæ цæмæн хизы? Уыдон кæрæдзийы Хуылфы цæвæрдæй. Зæрдæ пс зарæджы, Зарæг та— зæрдæйы. Дзаболаты Хазби Фондз азы размæ* æнæнхъæлæдж’Ы æмæ бын- тон æнафоны йæ цардæй ахицæн ирон поэт Дзабо- латы Хазби. Фæцис поэты зæххон биографи æмæ райдыдта йæ цард дзыллæйы зæрдæйы. Æз æй хорз зыдтон, уымæ гæсгæ мын Хазбийы сфæлдыстадыл дзурын иуæй зын у, иннæмæй — æхсызгон. Зын уымæн, æмæ кæддæриддæр æнцон нæ вæййы, зæрдæйæ дæм æввахс чи уа, ахæм адæй- маджы хъуыддæгтыл адæмы раз дзурын; æхсызгои та уьтмæн, æмæ Хазбийы уацмыстæ лæмбынæг кæс- гæйæ мæнæн ногæй фадат фæцис поэтимæ æмса- гъæсæн, йемæ зæрдæйæ-зæрдæмæ фæныхас кæны- нæн, йæ поэзийы мидхъару йын ноджы арфдæр банкъарынæн. Хазбийы дзæбæх чи хъуыды кæны, йемæ чи æмбæлди æмæ куыста, уыдоны дисы æфтыдта иу хъуыддаг: поэты удыхъæды æмцард кодтой, фыц- * Уац фыст æрцыди 1974 азы.— Ред. фипп. —6—
цаг бакастæй фæйнæхуызон чи зынди, ахæм дыу- уæ миниуæджы — æрвон хæдæфсармдзинад æмæ æнауæрдон, æгъатыр принципиалондзинад. Ацы фæтк ирдæй зыны поэты æппæт сфæлдыстадыл дæр æмæ йын дæтты диалектикон хъомыс. Хазби хъыгзæрдæйæ фыста; «Иуæй-иутæ поэзи раздæхтой хынджылæгмæ æмæ сæгад кодтой поэ- ты цытджын ном. Чиныгкæсæг нал æууæнды æм- дзæвгæты рæстдзинадыл. Адæмы иу хай та сахуыр уæлæнгай фыстытыл æмæ нал æмбары æцæг арф хъуыды, рæстылдзурæг æмдзæвгæтæ — уый нæ, фæ- лæ ма сæ тæрсын дæр райдыдта. Нæ литературон фыдæлтæ ахæм хъуыддæгтæ сæ сæрмæ нæ хастой. Уыдон никуы кодтой цæст- мæ фыстытæ, цæстмæ ныхæстæ, сæ дзырды уыд стыр уæз, стыр фарн, адæмы ’хсæн уыдысты ны- маддæр лæгтæ. Цæмæн афтæ уыд? Уымæн æмæ поэт фыццагдæр хъуамæ уа лæг. Чъизизæрдæ, ха- хуыргæнæг, æдзæсгом, цæстмæмиты фæрцы бынæт- тæм тырнæг адæймаг хорз поэт никуы суыдзæн. Фыссæг цæуыл фыссы, уыдон цæуынц йæ мидду- нейæ, æвзæрынц йæ зæрдæйы тæгтæй. Фæлæ цъы- марайæ сыгъ,лæг суадон нæ гуыры». («Поэзийы бон», Цæгат Ирыстоны чингуыты рауагъдад, 1966 аз, 78, 79 фæрстæ). Суанг йæ фыццаг æмдзæвгæтæ фыссын куы рай- дыдта, уæдæй фæстæмæ Хазби зæрдиагæй æмæ сыгъдæгзæрдæйæ архайдта ацы карз домæнтæ æх- хæст кæныныл. Хазби хæрз æрыгонæй æнкъарын байдыдта дзырды «’ад», дзырды фидыц. Поэт йæ биографийы мысы: «Æмдзæвгæтæ фыссын райдыдтон иу-фынд- дæсаздзыдæй, фæлæ сæ мыхуыр кæнын мæ зæрды нæ уыд. Фыстон бирæ. Æфсады службæ кæнгæйæ, ныффыстон бирæ лирикон æмдзæвгæтæ æмæ æртæ стыр кадæджы. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ бæззы- —7—
дысты æмæ сæ фæстæдæр басыгътон. Ныртæккæ йыл фæсмон кæнын, фæлæ 1956 азæй размæ цыдæ- риддæр ныффыстон, уыдон сыгъд æрцыдысты...» 1956 аз&^й фæстæмæ поэты æмдзæвгæтæ зынын байдыдтой Ирыстоны газетты æмæ журналты. Иæ уацмыстæ адæмь: рæгъмæ хæссыныл æнæхъуаджы тагъд никуы кодта. Уымæ гæсгæ йын йæ удæгасæй цы æртæ поэтиконæмбырдгонды бантыст рауадзын, уыдонæн сæ иуæй сæ иннæйы ’хсæн ис дзæвгар рæстæг: «Хæс» (1960), «Артдзæст» (1963), «Къах- уьша^р» (1967). Дзаболаты Хазби раджы базонгæ æцæг аивады культурæимæ. Сфæлдыстадон скъолайау ын уыды- сты классикон литературæйы хъомысджын тради- цитæ. Уый ирдæй зыны! суанг йæ фъщцаг æмдзæв- гæтыл дæр: сты æлвæст, техникон æгъдауæй — æм- бæлгæ æмвæзадыл, агайынц зæрдæ, зыны сыл, лæппу æрдзæй кæй фæци цырддзаст æмæ къæрц- хъус, кæй æмбары æцæг сфæлдыстадон кусæджы бæрзонд нысаниуæг: Дæ хæс цытджын æмæ егъау у, Дæ фæндаг — даргъ æмæ дæрзæг... Зæххыл дæм иу царды бар хауы, Æмæ у рухс фæндтæ хæссæг!.. Нæй фæивддзаг кæнæн Хазбийы сфæлдыстады æууæлтæн æндæр поэты æрмдзæфимæ. Иæ темæтæ, йе ’нкъарæнтæ, йæ поэтикæйы авналæнтæ (бæл- вырд бæрцæй суанг йæ уацмысты спецификон дзырдуат дæр) тæдзынц йæхи цардæй, йæхи зæр- дæйæ, йæхи биографийæ. Æмæ дыууæ хъысмæты та æмхалдих никуы вæййынц... Мæ фыст — мæ сонт улæфт, Мæ тугдадзинты схуыст, Мæ сагъæсты фæдис-хъæр... —8-
Поэзи хиирхæфсæн кæнæ мулкамалгæнæн ма- дзал кæй нæу, уæхскуæз фæллой дзы кæй хъæуы удуæлдайæ, уый никæд рох кодта Хазбийæ. Аивад фæлдисыны хъуыддагмæ уæлæнгай цæстæй чи кæ- сы, ахæм адæймæгтæн поэт йæ дзырды фарны руа- джы хæссы карз моралон тæрхон. Адæймаг сфæлтæры зындзинæдты, йæ ном æну- сон свæййы сыгъдæгзæрдæ фæллойы руаджы, иу- дадзыг бæрзонд нысанмæ тырныны фæрцы. Поэт æрымысы, кæддæр йæ фыдæй цы ныхæстæ фехъуы- ста, уыдон: æддаг бакаст ницы мары, лæгдзинад хъуыддаджы рабæрæг вæййы, цæмæй дæ адæм уа- ри рахоной, уый тыххæй хъуамæ арвмæ стæхай (æмдз. 1«Мæ фыд йæ ивгъуыд бонты цытæн»). Уыцы хъуыды ноджы бæлвырддæрæй, аивадон æгъдауæй ноджы æххæстдæрæй загъд æрцыди æм- дзæвгæ «Фын»-ы. Лирикон хъайтар цæуы фæнда- гыл. Æваст йæ размæ февзæрдис егъау хох. Фæлæ нæ барызт бæлццоны уæнг æнæнхъæлæджы цæлх- дур фенгæйæ, ныфсджынæй атындзыдта размæ, тухигæнгæ тырны айнæг къулыл хохы рындзмæ... Нырма у тигъ бæрзонд... Æваст мæ къах фæбыры... Фæхæцæн дур — тæссонд... Сæрсæфæн ком — мæ быны... Æрбайсæфт фын... Кæм дæн?.. Ысхызтæн, нæ,— нæ зонын, Фæлæ мæ фæндты мæн Цыдæр тых размæ хоны... «Ысхызтæн, нæ,— нæ зонын»...— ацы хъизæмай- раг дызæрдыг фыдæй фыртмæ уыди æмæ у сфæл- дыстадон куысты æмбæлццон. Уыцы гуырысхойæ хызт нæ уыди нæ поэт дæр. Æмæ йæхиуыл кæй никæд фервæссыди, «хорз» фыссын райдыдтон, зæгъгæ, ахæм сæфтдзаг хъуыды йæ фæсонæрхæ- —9—
джы дæр кæй никæд æрцыди, уый тыххæй рæзыди азæй-азмæ Дзаболаты Хазбийы дæсныйад, йæ поэ- тикон культурæ, уымæн кодта арфæй-арфдæр йæ дунеæмбарынад. Иæ алыварс цы фæзындтытæ æмæ цаутæ уыд- та, уыдонмæ Дзаболаты Хазби касти нывгæнæджы цæстæй, æвзæрста сæ æмæ сын аргъ кодта диалек- тикон хуызы. Зæрдæиы æмæ зонды хъаруйæ æх- хæст кæй уыди, уымæ гæсгæ æмбæрста, зæххыл нырма рæстдзинадимæ æмдзу кæй кæнынц сау тыхтæ, незамантæй фæстæмæ карз тохы кæй бацы- дысты уарзт æмæ фвдæх, фидыд æмæ хæст... Уы- цы знæт æмæ змæст дунейы адæймагæй рацæрын- мæ чи хъавы, уæлдайдæр та поэты ном чи хæссы, уый хъуамæ лæууа йæхи фидар принциптыл. Æмæ уыцы принциптæ Хазбийæн бæлвырд уыдысты: рæстыл дзурын, рухс фидæны сæраппонд удуæл- дай тох кæнын, уыцы тохы, фыдæлтыккон мæоыгау, Ирыстоны хæхтау, æнæфæцудгæ уæвын. Фæндыры тæгтæй иунæгыл нæ цагъта Хазби. Афтæ чи кæны, уыдонæн сæ зарæг вæййы иугъæ дон æмæ æдзæлгъæд. Уыцы азарæй хызт у Дзабо- лы-фырты сфæлдыстад. Парахат у йæ поэтикон диапазон: æнкъард, трагикон мотивтæ; царды ны- саниуæгыл уæззау сагъæстæ, сфæлдыстадон кусæ- джы удхайраг дызæрдыг; хæрзаив худæнбыл зар- ^джытæ уарзондзинадыл; хæларзæрдæ юморы бын- дурыл нывæст уацмыстæ; карз сатирикон æмдзæв- гæтæ... Æмæ уыдонæй алкæцыйæн дæр Хазби * агуырдта æмæ фылдæр хатт ардта æмбæлгæ арæзтадон æрмæг. Уымæн æвдисæн сты æмдзæвгæ- тæ-«Хинæйдзаг нуазæг», «Сонет», «Сагъæс æнæзон- гæ æмбæлæгыл», «Чи зоны», «Ацæргæ лæджи са- гъæс», «Тæрсын æз иу хуызы мæлæтæй», «Хæрæг æмæ бирæгъ» æмæ бирæ æндæртæ. Хазбийы хуыздæр æмдзæвгæтæн сæ зæрдыуаг, —10—
сæ ахаст, сæ иумæйаг мидис кæддæриддæр æнгом баст вæййы уацмысы æддаг бакастыл, йæ азæл- дыл, йæ формæйыл. Æмæ афтæмæй алы компо- ненттæ басгуыхынц (æмгуыст кæнгæйæ) æцæг поэзи (æмдзæвгæтæ «Бадæг чызджы сагъæс», «Ди- динæг», цикл «Нæртон удыхъæд» æ. æнд.). Уыцы хъуыддагæн стыр ахъаз у, поэт дæсны æмæ рæст- дзæф пайда кæй кæны æвзаджы авналæнтæй, уый дæр. Дзаболы-фырты уацмысты органикон æгъда- уæй сиу сты ирон æвзаджы ахадгæ-фольклорон здæхтытæ æмæ нырыккон ирон литературон æвза- джы тæккæ хъомысджындæр мадзæлттæ. Дзаболаты Хазбийы поэзийы характерондæр миниуджытæй иу у йе ’мдзæвгæты нывты, хъуыды- ты, фæлгонцты æмæ æнкъарæнты бæлвырддзинад. Суанг ма шахты куы куыста, уæды уацмыстыл дæр зыны, нæ поэт кæй архайдта, цы предметыл кæнæ фæзындыл фыссы, уымæн йæ социалон-философон кæнæ аивадон-эстетикон æууæлтæ бамбарыныл, йæ апп ын феныныл, ома — цардмæ нывгæнæджы цæстæй кæсыныл. Чи фæгуырысхо уыдзæн, зæ- гъæм, мæнæ ахæм абарстыты æмæ фæлгонцты реа- листондзинадыл: «Мад!.. Иæ дæрдджын къабайы фæдджийæ уый мæнæн цыбыр хæлаф хуыдта», «фæлмæндзаст зæронд ус», «дæрзæгдаст зæронд лæг», «хыссæ, хаст фысау, арынджы рафæлдæхт», «фынгьгл дзагæй бæркадхъуыр графин æфсæрм- гæнгæ рахид», Терчы «æрсбæрзæй гуылфæнтæ», «мæсыгтигъ хæххон хъæу» æ. а. д. Махæн æнæгуырысхойæ у нæ бон зæгъын: Дза- болаты Хазби суанг хæрзæрыгонæй фæхæст поэ- зийы æфсургъы сызгъæрин барцыл, йæхи нывзылд- та йе рагъмæ, ауагъта йæ сфæлдыстады æгæрон æмæ гуыргъахъхъ тъæпæнтыл æмæ куыддæр æф- сургъ йæ тæккæ гæпп-дугъыл фæцалх и, афтæ ба- рæг асхъиудта æбæрæг æмæ раууаты дунемæ... —11 —
Йæ хуыздæр æмдзæвгæтæй иуы («Зæрдæ! Ды æвдисæн...») поэт фыста: Зæрдæ! Ды æвдисæн Дæ мæ цин, мæ зынæн. Æз цæгъдын дæ .хъистыл, Æмæ кæд сæ зыланг Искæйы рæвдауа, Уæд рæстмæ стæм, науæд Сты дзæгъæл нæ зæлтæ, Æмæ зон, мæ зæрдæ: Цас уой ’лвæстдæр хъистæ, Уый бæрц тонынц тагъддæр. Фæлæ уый бæрц искæй Агайы сæ цагъд дæр... Мæн нæ фæнды æгæр дæргъвæтин дзурын. Стæй уый сæр, æвæццæгæн, хъæугæ дæр нæ кæны. Афтæ мæм кæсы, цыма ирон чиныгкæсæг йæхæдæг аккаг аргъ скæндзæн Дзаболаты Хазбийы зæрдæбын ны- хасæн. ХОДЫ КАМАЛ
чиныг «ХÆО-ÆЙ
® Ж Ш Ж’ ж ж ж Мæнæн нæу иппæрд дзыллæтæй мæ амонд, Æмбæхстаг нæу мæ цин кæнæ мæ мæт. Куы хъæуа, уæд Фыдыбæсты сæраппонд Æз дæр æдæрсгæ райсдзынæн мæлæт. Фæлæ цы у æнæбæркад фæндаггаг? — Нæ кæнын æз мæ егъаудæр хæс рох: Мæ цард куыд уа, Фыдыбæстæ, дæу аккаг, Мæнæн уал абпц ууыл у мæ тох. — 14 —
САДОИНАГ РАЙСОМ Бон кæйдæр фæндтæм нæ хъусы, Загъта æхсæвæн «фæндараст!» Æмæ хохы тигъ ныррухси,— Хуры ног тын æм æрбакаст. Фахсыл бурсæр дндинджытæн Дымгæ аба кæны сонтæй. Уæлæ Садоны цæрджытæн Бæлас акуывта бæрзондæй. Зарынц боны цинæй мæргътæ, Зæрдæ райы ног æнтыстмæ! Кæс, æд карбидон цырæгътæ Уайынц шахтертæ сæ куыстмæ. — 15—
ж ш ш 7*9\ъ дФ* <??Ъ Дæ хæс цытджын æмæ егъау у, Дæ фæндаг — даргъ æмæ дæрзæг... Зæххыл дæм иу цардъг бар хауы, Æмæ у рухс фæндтæ хæссæг! Æцæг тох чи кодта лæппуйæ, Йæ фæстæ чи ныууагъта фæд: Кæд зондæй нæ, уæд та —хъаруйæ, Гъе уый ном не ссардзæн мæлæт. — 16—
ÆРДЗ ÆМÆ АДÆЙМАГ Хæхтæй æрбазынæг рухс хуры тын, Арвыл фæскъæвда сырх-хъулон æрдын, Уалдзыгон быдырты кæрдæджы цъæх, Цины цæссыгау æрттиваг æртæх, Райсомæй хъæдгæрон мæргъты пæр-пæр, Хохы фæсахсæвæр дæтты уынæр, Цъити-къæдзæхты рæгъамад æвзист — Уыдонæй аив, рæсугъддæр цы ис?! Фæлæ куы нæ уаид адæймаг. уæд Цымæ кæй хъæуиккой уыдон æппæт?! —17—
ГЕОЛОГ Дзурынц мæм «Æгас цу!» зымтæ, Дæттимæ хъæрæй ныззарын. Тигъыл, арф кæмтты фысымтæ Æз кæддæриддæр ыссарын. Акувын мæ сæрæй бæрзæн,— Къæйыл авæрын мæ «хæдзар», Далæ коммæ хауы ’хсæрдзæн,— Уый дæр ме ’рдхорд у, мæ хæлар. Дымгæ мын фæкæны батæ, Уарзынц мæ бæрзонд къæдзæхтæ. Сгарын алы ран,— хæзнатæ Агурын сæ хуылфы хæхтæн. Цыма схъомыл дæн ам семæ, Цыма ’рвад дæн кæмттæн, фæхстæн — Арæх уыдонæн æз, семау, Базонын сæ арф æмбæхсæн. — 18—
ФÆНДАРАСТ Æхсæв та раивта боны, Арвыл та сленк кодта мæй. Поезд къуыркъуыргæнгæ згъоры, Бæлццæттæ зарынц хъæрæй. Зæрдæ сæ барухс и, райы. Адæм сын арфæ кæнынц. Ацы хъайтартæм Алтайы Се ’мбæлттæ ’нхъæлмæ кæсынц. Гуыры фæллойады зарæг, Бузныг у ’мгарæй æмгар. Цас хæссынц семæ лæварæн Разæнгарддзинад, æхсар! Цинæй сæ зæрдæты арт и, Уæнгтæ нæ зонынц фæллад,— Сиды сæм, сиды нæ парти, Сиды Фыдыбæстæ-мад. Раздæр кæм уыди зæрæстон, Пыхсы кæм ныгъуылди лæг,— Уым ныр, уырнæд дæ, æмбæстон, Зайдзæн бæркадджын тыллæг. Райдзæни, райдзæн нæ бæстæ, Калдзæн æнусмæ цæхæр! Цæйут, фæндараст, цæргæстæ! Кад дын, нæ номдзыд фæлтæр! —19—
РÆМУДЗÆГ • Бындзарæй айнæг хох ныррызт, Ныккодта шахт æмызмæлд, Динамит бакодта йæ куыст: Æрзæт къæртгай æрызгъæлд. Бæзæрхыг лæг нæ цурмæ схызт, Æрæвæрдта йæ хызын, Фæллойы арфæйаг æнтыст Зынди йæ хъæлдзæг хуызыл. — Дæсныйад мын ныууагъта хæст,— Уъгй загъта худгæ махæн,— Уым знаджы дзоттæ хæлдтон æз, Ныр та хæзнатæ къахын. —20-
«I Кæуыл æрцыди цинад, хъыг, Æппæтдæр чи бавзæрста царды, Уый уæгъды не ’руадздзæн цæссыг, Хъæрæй уъгй не скæудзæни мардыл. Мæсыг нæ амайдзæн дзыхæй, Нæ зæгъдзæн хъал лæгæй: «Тæхудйаг!», Ыстæй йæм ницæйы тыххæй Æваст нæ фæзындзæни худæг. Уый никуы бахæрдзæн мæнг ард, Уый дард зын фæндагыл нæ кæлдзæн. Куы уа йæхи зæрдæ æнкъард, Уæддæр кæндзæн æмбæлтты хъæлдзæг... —21 —
’Ж ЗÆХХ Зæххы мит æрвылзымæг нымбæрзы, Фæлæ уый æвæлмæцгæ фæразы. Зæхх æгæнон уадты бын нæ хъæрзы, Зæхх, зыдгæнгæ, уарын-дæттæ нуазы, Арф йæхимæ хуры тынтæ исы, Æмæ, цыма йе стыр хæс фæхаты,— Сабыргай йæхимидæг æнхъизы, Стæй æлутон стыр лæвæрттæ ратты. ...Царды фæндтæ базырджын кæм нæ сты^ Æмæ æз мæхинымæр фæзæгъын: «Уа цæмæй æцæг хъæбул йæ бæстæн — У поэтæн ахуыргæнгæ зæххыл». -22—
ф ® БАБЫЗ* Фарон сæрды шахтæмæ Кусынмæ куы цыдтæн,— Зæрдæ цинæй рад æмæ Хъуыдыты ныгъуылдтæн: «Ам хæзнатæ къахдзынæн!..» Уалынмæ мын загътой, Бабызыл, дам, ласдзынæ 'Рзæт нырма уал шахтæй... Æз фæдæн уæд бустырдæм, Ме стыр цин фæмынæг... «Цæй, зæгъын, цы кусдзынæн? Ма кæнут хынджылæг!..» Шахтертæ мæ бамбæрстой Æмæ худынц, хъазынц: Махæн, дам, нæ бабызтæ Тонтæ дæр фæразынц! * «Бабыз» («Утка») — æрзæтласæн ныллæг вагон. —23—
& ф МÆГУЫР Куы цæрин æз æрмæст дзул æмæ цайæ, Уæддæр мæ сæры рухс хъуыдытæ гуырид... Йæ дзыпп тыппыр кæмæн нæ уа æхцайæ, Æз ахæмты нæ нымайын мæгуырыл. Мæгуыр у уый — йæ цæргæ-цæрæнбонты Йæ исбоныл кæмæн вæййы йæ катай, Хæрамдзинад кæмæн сæвзæрд йæ зонды, Æфсымæрыл дæр чи рацæудзæн сайдæй; Кæмæй у рох йæ уды цур йæ бæстæ, Кæмæн у уазал, их-къæрттау, йæ зæрдæ, Æмæ, кæнæ тæссæй, кæнæ æрмæстдæр Æххуысæнхъæлæй чи дары «хæлæрттæ». ...Куы цæрин æз айдагъ дзул æмæ цайæ, Уæддæр мæ сæры рухс хъуыдытæ гуырид... Иæ дзыпп тыппыр кæмæн нæ уа æхцайæ, Æз ахæмты нæ нымайын мæгуырыл. —24—
УЫЛÆНТÆ Комы гуылфгæнгæ, сæрсæргæнгæ тагъд, Уылæнтæ, абухгæ згъорут сымах. Цавæрдæр суцца тых уе змæлды ис, Къæйдуртæ фестынц уæ хъæбысы змис. Сбады уæ сæрмæ уæ пырхæнтæй мигъ, Зилæнты байгæрдут къæдзæхы тигъ. Арс дæр ма стæрсы уæ абухтæй, арс... Зæрдæ дæр уымæн у, зæрдæ, уæ фарс. Уый дæр, сымахау, нæ зоны æнцой, Æмæ йын уымæн у адджын уæ кой. —25—
© ДÆТТЫ БЫЦÆУ Арф Æръгдонмæ Мызуры Фабричы бынæй лæбуры Лакъон дон чысыл уылæнтæй. Фæлæ хъал, сыгъдæг Æрыдон Химæ уый нæ уадзы ’мгæрон, Дуртыл æй ныццæвы знæтæй. Згъоры, абухы: «Куыд уæнды Чъизи дон мæ ирд уылæнты Ныр йæхи найын æдасæй?!» Фæлæ лакъон дон нæ лæууы, Дзуры: «Мæн дæ цыт нæ хъæуы, Ма у хъал дæ ирд, дæ асæй,— Æз уæгъд уылæнтæ нæ хæссын,— Æз дæсгай тонтæ æрæхсын Алы сахат дæр хæзнатæ. Уæд дæ цæсгом загъд куыд хъæцы? Ды вæййыс куыстхуыз мæ фæрцы Æмæ хайджын дæ мæ кадæй». -26—
«I Мæ фыд йæ ивгъуыд бонты цытæн Нæ дардта цухъхъа æмæ хъама, Сæрыстырæй йæ сау бæрцытæм Нæ амыдта егъау ист къаммæ. Нæ уыд æвзистарæзт йæ рон дæр,— (Нæ тарст йæ æмзæрæдты фауæй), Уæддæр æй хъæу хуыдтой ирон лæг, Ирон—зæрдæ æмæ æгъдауæй. Æз ын йæ дзырд мæ зæрдыл дарын: «Уындæй нæй кад, мæ хур, нæ зæххыл... Цæмæй дæ хоной адæм уари, -Хъæуы дæу уый тыххæй ыстæхын!» —27—
ш ■& ИЗÆРОН ХЪУЫДЫ Уæдæ куыд бæллиццаг у хур! — Кæрон куыннæ кæны йæ балцæн! — Ныр кæд ныгуылæнмæ фæкъул, Уæддæр та зæххы æмбис тавдзæн. —28—
ФЫН Æз федтон дысон фын: Хох февзæрди мæ цуры, Тыхамæлттæй тырнын Йæ сæрмæ айнæг къулыл... Нырма у тигъ бæрзонд... Æваст мæ къах фæбыры... Фæхæцæн дур — тæссонд... Сæрсæфæн ком — мæ бьгны... Æрбайсæфт фын... Кæм дæн?.. Ысхызтæн, нæ,— нæ зонын, Фæлæ мæ фæндты мæн Цыдæр тых размæ хоны. —29-
КУЫ ССУДЗА СТЪАЛЫ* Кæсдзынæ ’нхъæлмæ, чызг, æмбарын, Фæлæ-иу шахты сæрмæ скæс — Æмæ куы судза уым ыстъалы, Зон, оæххæст кодтам уæд нæ хæс. Æмæ дæ мидбылхудт лæварæн Мæнæн нæ фембæлæнмæ ’рхæсс, Дæумæ та ног, мæ зæрдæдарæн, Изæрмилты зындзынæн æз! * Участоктæй пълан чи сæххæст кæны, уымæн фæсудзы йе <стъалы. —30-
® ■®- АРТЫ РАЗ Æз кæсын æдзынæг арты Хурау араугæ цæхæртæм... Дзæгъæлы нæ хонынц царды Хорз, сæрæн лæджы зынгзæрдæ. Зæрдæ у, зынгау, æцæгæй, Æмæ фаг куы нæ фæсудзы, Риу уæд байдзаг вæййы сæгæй, Æмæ сæфы лæг фыр буцæй. —31 —
1« Уæлæ йæ цъæх хъæбыс арвæн Хæхты хæд сæрмæ фæх/ьулон, Æмæ та ног боны фарнæн Райхъал йæ тарф фынæй Бурон. Хур æм йæ рухс тынтæ ’руагъта, Хур 1ын йæ фæллад хуыз ивы, Æмæ та хъæлдзæгæй шахтмæ Уайынц куыстуарзаг фæсивæд. Фидар цъæх кæттаг дарæсты Худгæ æрбацæуынц уæртæ, Номдзыд кæмæй у хæхбæстæ, Уыцы æндонриу шахтертæ. Ам ис фæлтæрдджын æмбæлттæ,— Чи федта тухи, фыдбонтæ, Ам ис бынтон æрыгæттæ — Хистæрты аккаг фæдонтæ... Уæртæ кæс цинкласæг Грисмæ,— Уый у йæ аразæг цардæн,— Знæгтæй уый Харьковы иста, Бахсыст уæззау тохты арты; Уый ныхкъуырд зоны япойнаг. Хæсты кæронмæ хæцыди, Æмæ та сабыр фæллоймæ Фидар салдатæй æрцыди... —32-
Уæртæ забойщик Умар та Хæсты фыдгулты нæ цагъта,— Фондз азы размæ йæ партæ Уарзон кæстæртæн ныууагъта... Ахæмтæ бирæ ис махмæ,— (Уыдонæй стæм мах сæрыстыр) — Амонды фидар гæнахмæ Чи цыд цъæх кæттаг фæл’ысты. Чи нæ æрцагуырдта царды Рагацау намыс, æнцойад,— Карз тох æцæг лæджы бартыл Чи кæны хиддзаст фæллойы. Уацамопгæ —33—
БÆРЗ Цы нæ ныззæронд кæнынц азтæ, Кæм ис æнæ ивгæ, кæм, æрдзæн... Сæртæг хæххон дымгæ ныссаста Йæ рæсугъд урс къалиутæ бæрзæн. Фæлæ йæ уидæгтæ ныссагъта Уый тигъыл айнæджы хæдсæрмæ, Æмæ йыл ставд канатыл шахтмæ Фæласынц кусджытæ хъæдæрмæг. Кæсын æм æз ныр дæр бæрзондмæ Æмæ зæгъын мæхицæн бæрзæй: Цæр уъгйау— раст дæ фæстаг бонтæм Пайда дæ адæмæн куыд хæссай! —34—
©■ ■® 1« Зарæг нывæндгæйæ Зæрдæ цæмæн риссы? Хорз зарæг афтæ арф Риумæ цæмæн хизы? Уыдон кæрæдзийы Хуылфы цæвæрдæи: Зæрдæ ис зарæджы, Зарæг та — зæрдæйы. —35—
КУЫ УАИД АЛЦЫДÆР ÆНЦОН... «Тæссаг у къæдзæхты бын куоын»,— Фæдзурынц бирæтæ мæнæн. Æмæ сæм алкæддæр фæхъусын, Мæ мидбыл худгæйæ фæлмæн. «Фæнизджын, дам, уыдзынæ ’взонгæй, Дæ рæуджыты ныббаддзæн рыг»... Цыма мæ дариккой æввонгæй, Раст афтæ стынг вæййы сæ «хъыг». Æз та шахтер дæн æмæ ’мгæрттæй Мæ цардмæ ничи ’рхæсдзæн фау... Куы тæрсæм иууылдæр зын рæттæй, Уæд махæн чи ратдзæн æгъдау?.. Уæд шахтты чи къахдзæн хæзнатæ, Алтайы чи фæлдахдзæн зæхх? Ыскæсæн æмæ дард Цæгаты Заводтæ чи араздзæн,— зæгъ?.. Зынтæ куы нæ уаид, хæлæрттæ, Куы уаид алцыдæр æнцон, Уырнæд уæ, уæд, уырнæд, мæ зæрдæ Нæ зонид циндзинады бон! —36—
РÆСТДЗИНАД Ма мын ратт салам фæндагыл, Де ’мрæнхъ ма уадз мæн æрлæууын,— Царды иумæйаг хъуыддагыл Æз дæ æмкусæг куы нæ уон. Бакæн-иу мыл ды æвдисæн, Фен дæ удхæссæг мæ хуызæй,— Размæ искæд бон куы хизон Æз фæлывд миты æххуысæй. Мæн егъау намыс нæ хъæуы, Зæрдæ рисдзæни йæ койæ, Риу æмпылдзæни,— куы нæ уа Арæзт уый мæ хидвæллойæ. Уарзын цард æз дæр æххæстæй, Уарзын амонд æмæ цинад, Фæлæ царды ’ппæт фæрæзтæй Райсин æз фыццаг рæстдзинад! —37-
БАУУÆЩД МЫЛ Сæттын. мæ зæрдæмæ фæцыдтæ Фыццаг хатт дæр нæ кафæн фæзы, Ды уырдæм майы бон куы ’рцыдтæ Хæрзаивæй, рæсугъд дарæсы. Фæлæ мыл баууæнд, чызгай, шахты Куы федтон дæу хæзнатæ ласгæ, Дæ ныхыл хиды ’ртах куы ’ртагъди, Уæд мæм уæлдай рæсугъддæр кастæ. —38—
МАД Уа цæрæнбонты фæсмойнаг,— Мад цы хъæбулы нæ хъæуы!.. Саулагъз ацæргæ сылгоймаг Вагзалы сындæг фæцæуы... Буцæй иунæг чызджы хаста, Уый тыххæй лæууыд йæ къахыл, Æмæ йын куы кодта ахуыр, Суад-иу ардæм уæд йæ размæ... Моймæ радта уый кæмæндæр, (Æмæ дард ысты ныр уыдон), Фæлæ вагзалыл йæ фæндаг Ракæны уæддæр æрвылбон. У йын ам цыдæр æхсызгон, Цард ын адджын нæу æнæ уый,— Кæд зæрдаивæй йæ чызгæн Ам йæ къахвæдыл ныллæууид... —39—
■& Кæддæр-иу мын исты куы радта мæ фыд, Мæ мадмæ уæд цингæнгæ уадтæн. Зыдтон æй: кæд истæмæй уон æз рæвдыд, Уæд ме ’мцин кæндзæни мæ мад дæр... Фæлæ мыл куы æрцыд ыстыр хъыджы бон,— Куы баззадтæн сидзæр мæ мадæй, Мæхи уæд мæ фыдмæ нылвæстон æнгом, Уыд афтæмæй къаддæр мæ катай... Æмгæрттимæ дарддæр уæхски-уæхск цыдтæн. Мæхи-иу мæхпнымæр фарстон: Мæ цин, йе мæ хъыджы бон искуы мæнæн Куы ничи æрлæууид мæ фарсмæ, Мæ цин уæд цы уапд? Кæд фæуид мæ хъыг, Кæдмæ згъорид рустыл мæ цæстыты сыг? —40—
СТЪАЛЫ Рæстæг афтæ у: уый халы, Ногæй аразы ’мæ ивы... Фæлæ мингай азты стъалы Арвыл судзы æмæ ’рттивы. Уæдæ мигъты ’хсæнты дардæй Зæхмæ уый цæхæр æрхæстæг... Ма тæрс, чи рахауди арвæй, Метеор уыд уый æрмæстдæр. ...Уыцы стъалыйау уæд царды Ирд, æнæмæлгæ дæ хъуыды! Бонтимæ кæй ном фæтар и, Уый æцæг поэт нæ уыди. -41-
МАРТЪИ БОН Хур сæумæ йæ тынтæ ’руагъта, Тади се ’нусон мит хæхтæн, Æрдз нæртон фæндырæй цагъта, Кодтой цины зарæг мæргътæ. Фæлæ арв æваст фæхъулон, Атар бæстæ мигъы цæндтæй. Дымгæ ’рвон денджызы уылæн Зæхмæ рахаста пырхæнтæй. Стæй та раирд, уарындоныл Скалдта хуры тын цæхæртæ... Æз кæнын хъуыдытæ боныл, Æмæ банкъарди мæ зæрдæ,— Уый хъаймæт, мыййаг, нæ хонын, Æз нæ тæрсын уазал, митæй,— У тæссагдæр — мартъи-бонау Адæймаг куы уа фæлитой... —42—
@ ■® УЫЙ ХУЫЗДÆР УЫД Мах нырыонг цардыстæм хæларæй, Циндзинад нæ зыдтай ды æнæ мæн, Ныр мæнмæ æрбакæсыс ды тарæй, Ныр дæуæн æз нал бæззын лымæнæн. Знон изæр та бафиппайдтон: хъазты Ды хæцыдтæ магуса къуыдиппыл, Уый дæумæ йæ худы бынæй касти Æмæ худти хъалхуызæй йæ мидбыл. «Ахуыргонд у»,— загътай дзы кæмæндæр, Æмæ худгæ ’руадыстут мæ рæзты... Æз, сæттын ыл, институт нæ фæдæн, Фæлæ царды никуы дæн къæмдзæстыг. Зон, зын фæндаг равзæрстон æз барæй, Абон къахын хохы бын хæзнатæ... О, зæгъин дын: «Ма мæм кæс, чызг, тарæй,— Ахуырæн дæр æз зæронд нæма дæн». Фæлæ цæй... мæ рæстæг ма цы сафон? — Ды ныр дæр та фезгъорыс йæ фæдыл... Уый — дипломджын, зоны зарын, кафын... Æмæ цæр... Мæн де ’взæр цард нæ фæнды. Уый хуыздæр уыд... Мæн нæ хæры катай— Æз мæхи егъаудæр цардыл хъарын. Дæу диплом хъуыдис æмæ йæ ссардтай, Кæд æз дæр æцæг æмбал ыссарин. —43—
ХЪ. МЫРТАЗÆН Лæууынц ма абонау мæ зæрдыл Бæллиццаг рухс бонтæ фæрнæй, Куыд-иу фæцæйызгъордтам сæрды Æрыскъæфдзуан бæгъæввæдтæй. Кæнæ-иу доны былтыл кафгæ Куыд арвыстам æнæхъæн бон, Кæнæ мæйрухс æхсæвты арвмæ Куыд хастам стъалытæн тæрхон. Сæрдыгон майы бур хъæндилтæй Куыд арæзтам тыртырæгтæ, Кæнæ зымæгон ногуард митæй Куыд амадтам лæджы нывтæ... ...Фæтахти уаддымгæйау рæстæг, Мах йемæ дард рæтты хæсгæ. Фæлæ та райгуырæн хъæубæстæм Æрцыдтæн къорд азы фæстæ. Æмæ дзы рагæй кæд нæ уыдтæн, Уæддæр ма, тæккæ хъæугæрон, Ызгъоры раздæрау нæ уынгты, Иæ сусæг зарæг кæнгæ дон. Фыццагау акъаци бæлæсты Сыф-сыфмæ хъусыныл фæдæн,— Цыма нæ фæхицæнъг фæстæ Кæнынц сæ хабæрттæ мæнæн. -44—
® ■@ ФÆСКУЫСТ Хохы фахсыл куысты фæстæ Бауагътон мæхи æз зазыл. Згъоры цъити-дон мæ рæзты, Дымгæ дидинджытæй хъазы... Зæлы шахты уынæр хъусты, Риссынц дудæгау мæ къухтæ, Фæлæ ахсын хуры рухс тын, Дуне мæм кæсы рæсугъддæр... —45—
& АМОНД Æз нæ зонын, цы фæхоны «амонд», Искуы исчи куы фæкæны арфæ. Фæлæ зонын, кæйдæр фарнæй абон Уый цæттæйæ кæй не ’рхаудзæн арвæй. Ныр, кæддæрау, чысыл саби нал дæн, Цардæй федтон цыдæртæ нæ зæххыл, Æмæ иуæй-иу буцæйхаст хъалтæн Æз «цæй амондджын фестут»— нæ зæгъин. Мæнмæ дуне фæкæсы уæрæхдæр, Сайд ми фесты мæнæн уæд цæсты сындз— Куыст фæуæвгæйæ, хиды æртæхтæ, Хус фæд уадзгæ, мæ ныхыл куы сысынц. Æз æгад цард мæ сæрмæ нæ хæссыи, Никуы никæуыл рацыдтæн хинæй, Æмæ амондджын уымæн фæкæсын Æз тыхст сахат дæр арæх мæхимæ. —46-
ЛГЪ *^ГО (РТЪ Зонын, «уарзын», зæгъгæ, ’васт Бирæ сдзуры хус æвзагæй... Ехх, æвæдза, гъе, мæ уарзт Равдисин æз та хъуыддагæй! — Ме ’ппæт хъару ’мæ мæ зонд Раттин уый тьгххæй æрмæстдæр — Искуы уа цæмæй мæ бон «Уарзын дæу!» зæгъын мæ бæстæн. —47—
БÆЛОН Æз царды амондыл Нæ фæцахуыр дæн тагъд, Цъæх бæлон рагбонты Мæ къæсæрмæ нæ тахт. Æз ын нæма зыдтон Йæ цæстыты тæмæн, Йæ фæлмæн базыртæй Нæ рæвдыдта уый мæн. Æз ын нæ раппæрстон Сырх мæнæуы нæмыг, Æз ын нæма ’мбæрстон Иæ цин æмæ йæ хъыг. Фæлæ куыд тагъд æмæ Куыд ивгæ уайы цард... Бæлон æртахт æмæ Мæ рудзынгыл æрбадт. Уый сайдтой бирæтæ. Лæвæрдтой йын мæнæу. Фæлæ, хи чи радта Æнцонæй, ахæм нæу. Уый тахт сæ иу фæрсты, Æргом уарзтæй сыгъди. Хæххон чысыл къæсмæ Уæладзгуытæй лыгъди. —48-
Æз дæр æй бауарзтон Мæхи удæй фылдæр Æмæ йын рахастон Мæ зæрдæйы цæхæр.
ж ай Ж Ж Ж Ж Ехх, дæ рус мæ русыл андзæвд, Æмæ ссыгъди цинæй зæрдæ... О, куыд хорз ысты, куы, уалдзæг Сабыр, рухс хæххон изæртæ. Æз ныхъхъæбыс кæнин æрдзæн, Æз фæбатæ кæнин зæххæн, Абон хъæлдзæг дæн æз, хъæлдзæг, Арвмæ ’рфæнды мæн ыстæхын. Фæлæ ахæм цины рæстæг, Чызг, фæрсæй-фæрстæм куы бадæм, Уæд æрæмысын æз — хæсты Цас фы-дбонтæ федтой адæм... Цалгай уарзæттæн кæддæрты Аскъуыдта ызнаг сæ цинад!.. Фæлæ карз фыдвæндты сæрты Алкæд ахизы рæстдзинад! ...Худы рухс фидæн нæ балцæн Ирд, зæрæхсиды цæхæрты... О, куыд хорз ыстут, куы, уалдзæг Сабыр, рухс хæххон изæртæ! -50-
ФАХСЫЛ Рæудымгæ, сыфтæй хъазгæ, фахсыл Нæ цурмæ ’рбаулæфы рог, Куы дын дæ дзыккутæ æрфасы, Куы та сæ шыхцыл кæны ног. Куы дын ныбба кæны æвастæй, Дæ хъуырыл атухы йæхи; Куы та фæцæйлидзы мæ кастæй,— Цæмæй йын ма ’мбарон йæ «хин»... Æрзилы ног, цыма ныххуды: «Ды та кæдмæ ’мбæхсыс дæ уарзт?..» Æз хъарын дымгæмæ: «Тæхуды, Дæуау ныр чи вæйы ныфсхаст!..» —51 —
ЗÆГЪ-МА... Рæудымгæ арвæй урс мигъты фæхаста, Æнцад хуыссыди мæйрухсмæ нæ хъæу... Ды загътай: «Уарзын æз æнахуыр уарзтæй, Æвæццæгæн, уый а зæххон уарзт нæу»... Зæгъ-ма, уæдæ, Æрфæны фæд кæм фæци, Гъе уым æви гъе ацы зæххы раст,— Фыццагдæр хатт кæм федтам мах кæрæдзи, Æмæ нæм царды рухс амонд кæм каст? Кæм баййæфтай фыццаг буц рæвдыд мадæй? Кæм федтай ды фыццаг хуры тæмæн? Хуыздæр цы ис зæххон уарзондзинадæй, Цы ис йæ бæстæй адджындæр лæгæн? —52—
ÆРЫСКЪÆФ (Æнæзонгæ поэтмæ гæсгæ) Æз æрыскъæф агуырдтон... уæд хъоло Сивæзта мæ хæдразмæ йæ сæр: «Гъа, лæппу, æз мæнæ дæн, æртон мæ!.. Æрыскъæф та бамбæхсти кæмдæр... Афтæ вæййы царды дæр, гъе, арæх,— Чи фæхъæуы, чи вæййы хæд-зонд, Уый йæхи кæйдæр цæстмæ нæ хъары, Къахыфындзтыл не слæууы бæрзонд. Иннæ та йæ быцъынæг фæтоны, Намъгс, кадмæ агуры уæгъд фæд... Фæлæ ды куыд æртондзынæ хъоло, Кæд æрыскъæф агурыс, гъе уæд?.. —53—
ÆЗ ХУРÆН БАМЫНÆГÆЙ ТАРСТÆН... Къуыбылæйттæй лæгæрстой мигътæ, Сæ фæстæ хурзæрин ныгъуылд... Ды кодтай уæд цæуылдæр джихтæ, Цыдæр æнкъарддзинад дæм уыд. Мæн сау катай йæ фат ныссагъта. Фыр мæтæй разылди мæ сæр, Ды та ныххудтæ ’мæ мын загътай, Мæ къух рæвдаугæйæ: «Æвзæр!..» Рæудымгæ сау мигъты фæхаста, Зæринау арвгæрон фæбур... Æз хурæн бамынæгæй тарстæн, Фæлæ та скаст фæстæмæ хур! —54—
■® ФÆЛТАУ (Гамзатовмæ гæсгæ) Ды ма чысыл уыдтæ... мæ зæрдыл Ныр дæр ма, абонау, лæууы: Дæ мад æмæ-иу де ’фсымæртæм Мæ цурæй нал куымдтай цæуын. Мæ хъуырыл-иу æнгом ныттыхстæ, Мæнмæ-иу балвæстай дæ сæр. Æмæ мæ зæрдæмæ ныххьгзтæ, Кæд ма чысьгл уыдтæ, уæддæр... ...Чыидздвон чызг ныр... Æппындæр азтæ Дæуæн нæ аивтой дæ хуыз... Æрмæст дæ нал хауы ныхас дæр, Мæ цуры ’фсæрмхуызæй лæууыс... Ныр уыцы ’ргом цинтæ цы фесты? Цы фæци, цы, чызгай, дæ уарзт?.. Фæлтау та ног чысыл куы фестис, Мæ хъуырыл ку’ атыхсис æваст!.. —55—
©■ ® ЗÆРДÆ УАЛ САЙДÆН НÆ БЫХСЫ Уæд дæ русты туджы ’хсæрдзæн хъазыд, Калдтой хурау цæстытæ цæхæртæ, Уæд дæ уындæй ме ’взонг сæр куы разылд, Æмæ бахауд уацары мæ зæрдæ... Ехх, ды та нæ бамбæрстай мæ фæндтæ, Иу бон загътай: «Мауал рацу азæр»... Ногæй та дзуапп авæрдтай кæмæндæр, Стæй дын уайтагъд уый дæр та æрбавзæр... Кодтай-иу зынæрвæссон нъгхæстæ, Иуы ивтай иннæмæй æнцонæй... Фæлæ атахт, сонт дымгæйау, рæстæг, Абон — ног бон — ахицæн ызнонæй. Æмæ ныр куы бахудынц дæ фæдыл, Уæд æз та мæхинымæр ыстыхсын. Хатгай дьгн фæцæйбарын дæ рæдыд, Фæлæ... зæрдæ уал сайдæн нæ быхсы. —56—
ЛЕКЦИЙЫ ФÆСТÆ Клубæй рацæугæйæ кæрты Иу лæг йе ’мбæлттæн æппæлыд: «Расыггæнджыты ныхмæ та Бакаст хорз лекци мæ хæлар!» «Ау, дæ зонгæ у нæ лектор?» — Дисхуызæй йæ фарстой уыдон. «Зонгæ та цы хонут? — ме ’рдхорд— Иумæ нуазæм мах æрвылбон!»
ФÆНДЫР Сæмбæлди фæндырдзæгъдæг хæхбæсты, Фысымтæн æй ацæгъдын фæндыд. Æмæ цинтæ, сонт фæрстыты фæстæ Бацагуырдта уыдонæй фæндыр. Арæхстгай йын арæзта йæ хъистæ... Уалынмæ чъгсыл саби фæзынд, Уазæг æй, йæ мидбылхудгæ, систа, Райдыдта йæ алцæмæй фæрсын. Æмæ загъта: «Мæнæ и уæ фæндыр — Уый æмгæрон не ’руадздзæни маст, Хаттæй-хатт мах кафын дæр нæ фæнды, Фæлæ саби ацаразы хьазт». -58—
зокъо Ныккаст фæскъæвда зæхмæ хур, Рæвдыдта обауы цъæх боцъо. Æмæ нæ цæстыты хæд цу,р Ысуади зæххы бынæй зокъо. Уыд диссаг ме ’мбалæн йæ цин, Йæ къух-иу зокъоиыл æрхаста, Уый йемæ хъазыныл фæци, Чысыл хъæмпыхалæй йæ барста... Фæлæ мæнæн — куы зæгъон раст — Нæ ради зокъойæ мæ зæрдæ, Зыдтон: уъгй февзæрди æваст Æмæ та бамбидзæн изæрмæ... —59—
МИНИУÆГ Хицæн — йæ миниуæг алцæмæн: Цъитидон уазалæй чи фауы? Дидинæг — йе ’вдисæн уалдзæгæн, ЗыМ’æг та урс митæй фидауы. Не стъæлфы сахъ цæргæс йе знæгтæй, Фаджыс — йæ æмбæхсæн уаллонæн, Бирæгъ æмбисонд у йе знæтæй, Зонæм хæдмæлхорæй халоны. Фидауынц хæхтæ оæ бæрзондæй, Фенæн ис хи фæлгонц айдæнмæ... Кадджын — йæ æгъдау, йæ хæд-зондæй Æрдзы хуыздæр хъæбул — адæймаг. —60-
БУЛÆМÆРГЪ (Æмбисондмæ гæсгæ) Фæдзурынц: иу хъæлдзæг сæрд, дам, Уыд райгонд булæмæргъ йæ куыстæй: Йæ аив зарæджы зæлтæм Лæмбынæг дун-дунетæ хъуыстой. Уый хардзау халонмæ фæкаст, Æрбадт бæрзонд нæзы бæласыл Æмæ, ныхъуыргæйæ йæ маст, Хæр-хæрæй булæмæргъмæ уасы: «Æрвылбон не ’нцайы дæ зард, Мæн та мæхинымæр дæ мæт и,— Цы зарыс? — рухс бонты дæ цард Мæнау куы нæ уыдзæн дæргъвæтин... Ыскаст æм булæмæргъ бынæй, Æнцадгай батылдта йæ базыр Æмæ йæ дзыхыдзаг хъæрæй Ныххудти халоны ныхасыл: «Бæргæ, куы мын уаид цæрæн Æнустæм рухс ц.м^ды тæмæнты, Фæлæ мæ пунæг бон дæр мæн Цæрын хæдмæлхорæй нæ фæнды!» -61-
© ДЗÆГЪÆЛДЗЫХ У æ л м е с: Уæууа, нæ дæн æвдæлон,«. Ус ракуырдта ме ’фсымæр... Косеры радтой Дзæппойæн... Къуылдьщты Дзæбе йæ усы фæнадта... Зæли Гугуйы сусæггаг фæдзырдта... (Гуырдзыбеты Бласка, «Æдули»). Хуыссæн нал систа æххæст, Цъылын баззад рыджы, Афтæмæй та — уæлæ кæс — Февзæрд уый нæ уынджъг. Уæртæ сыхæгты усæн Алæууыд йæ разы, Дзуры йын: «Цымæ Муссæ Верæйы куыд уарзы? Радта Ч’ьгзг æндæрæн дзырд, Уарзон ын уыд раздæр»... Аивта йæ ныхас цырд, Ноджыдæр фæкарздæр: «Хъусаг дам-думтæм нæ дæн, Фæлæ, дам, æцæгæй, Йе '’фсиньг тыххæй Лубæ Ахицæн йæ лæгæй». —62—
Тигъыл иннæрдæм фæраст, Дондзаутыл æрбамбæлд Æмæ райдыдта æваст Хахуыр кæнын ам дæр. Загъта: «Дысон, дам, Даухан Ие ’фсины фæнадта, Гæбæтийæн, дам, Елхъан Ирæйы нæ радта... Мæхæмæтæн, дам, Фаруз Алыгъди йæ фæдыл...» Иу цыбырныхасæй, ус Аххæссыд æппæтыл... «Хъусаг дам-думтæм нæ дæн, Дам-думтæ нæ хъæуы» — Афтæ радзуръг, бæргæ, Фæлæ дзых кæм лæууы... -63-
ÆНГУЗ Æнгуз мын радта ме ’мбал сæрды, Æмæ йын арфæтæ фæкодтон Зæрдæбынæй, зæгъын: «Дæ са^р дæр Уæд йе ’дзаг, ацы ’нгузау, зондæй!» Фæлæ йæ къухты ’хсæн æрсастон, Æмæ ныккæрзыдта мæ зæрдæ: Иæ афтид хъузджытæн сæ астæу Зъгнди æрмæст æмпылд хус цъæрттæ... Æмæ къæмдзæстыгæй ныхъхъус дæн, Æфсæрмæй бацыдн мæн катай... Куыд мæ ферох — æппæт æнгузтæн Сæ хуылф кæй нæ вæййы дзаг аппæй!.. —64-
ХЪÆД ÆМÆ ФÆРÆТ (Секъамæ гæсгæ) Мах хатгай бафхæрæм кæйдæр, «У не знаг» — искæмæй фæзæгъæм, Иæ фæзынд искæцы бæллæхæн Куы уа нæхи аххос, уæддæр. Уæд та, дам, иу заманы хъæд Загъд кодта сугсæттæн фæрæтмæ: «Нæ фæрсты/ баззади дæ фаед, Тæрыс нæ цардхъуагæй мæлæтмæ. Дæуæн нæй, дурзæрдæ, цæсгом, Цæсоыг, тæригъæд дæм нæ хъары. Фæсадзыс урс бæрзы дæ ком, Фæлдахыс тала-хъæд бындзарыл!» Фæмæсты фæрæт дæр: «Æгъгъæд! Мæ лымæн, хъуыддаг хорз нæ зоныс,— Уыныс? — дæхицæй у мæ хъæд, Æнæ уый æз нæ дæн фыдхъомыс». Уацамонгæ —65—
ТУЗАР ÆМÆ ГÆЛÆБУ Фырнымд, фырбуц хастæй æдзух Уыди Тузар æмбæлттæй цух. Йæ хъазæн фæз, йæ дарддæр арæн Уыдис сæ чысыл кæрт Тузарæн. Æмæ ныр дæр æнкъардæй бадт Тузар сæ кæрзы бын æнцад. Цы ’рцъгд Тузарыл, уый нæ зыдта, Рысти йæ сæр æмæ хъæрзыдта. Иæ мад дæр лæппуйæн фæтарст Æмæ йын дохтырмæ фæраст. Нана цы кæна, уый нæ зоны, Йæ къæхтæ йын æхсы тæвд доны... Уæдмæ дын иу рæсугъд гæлæбу Сæ кæртъг ’рбатæхы,— нæ лæппу Цырд фестади æмæ йæ фæстæ Ызгъорынмæ фæци æдæрсгæ... Æвдадзы хос ын уый фæцис: Æрбайсæфт уайтагъддæр йæ низ. -66-
ÆНÆРХЪУЫДЫ (Индиаг аргъаумæ гæсгæ) Арф мæскъ-донмæ саг ныххызти, Банызта, фæлæ йын нал уыд Схизæн, æмæ уыд тæссаг ран. Рувас февзæрди йæ тыхстмæ,— «Цæй, дæуыл рæстырдæм ауд,— Загъта бустæхуызæй сагæн,— Ахæм рогдзæф сæр кæуыл уа, Уый — нæ йыл хъæуы ныхас дæр — У фыдæбойнаг йæ къæхтæн,— Схиздзынæ æви нæ, уый уал Базонын хъуыди дæу раздæр, Стæй ныххызтаис уæд æрхмæ!» —67—
ÆНÆКЪÆДЗИЛ РУВАС (Æмбисонд) Ирон ныхасы Фæдзурынц дисæн: «Фæлывд рувасæн Къæдзил — æвдисæн». Нæ сырдты къордæн Сæ егъау хъоргъы Фæсаууон хордта Цыдæр сæ холы. Æмæ тыхстысты, Цыдысты ’нкъардæй. Фæлмæцыдысты Æдзух сæ цардæй. Фæлæ сын, семау, Уæд загъта бур арс — Кæй цæры семæ Тындкъæдзил рувас. «Хъæуы дæу марын! Ды дæ нæлгæндыс. Нæ хæлар цард нын Æдзух ызмæнтыс!..» Фыдгæнæг иуварс Мæстæй нынниуы: «Нæ дæн æз рувас!.. Æвдисæн чи у?!» —68—
«Цы фæрсыс искæй, Зæгъ-ма, цы фæци Дæ мæнг æвдисæн, Дæ хъуынджын къæдзил? Кæй карк рахырхтай, Зæгъ-ма, кæм уыдтæ — Куы рарæмыгътой Дæуæн уый куыйтæ? Ды дæ ныр къуда,— Къæдзил дын нал и, Дæ мæнгард уд ма Æгæр дæр царди!» — Зæгъгæ, йын загътой Æмдзыхæй сырдтæ Æмæ дзы ’рсагътой Сæ цыргъ ыссыртæ... —69—
НОМÆВÆРÆГ (Аргъау) Кæд, кæм уыди — нæу бæрæг,— Иу лæгæн фырт райгуырд, Æмæ рабалц кодта лæг Номæвæрæг агур. Уыд æнæкæрон йæ цин, Сæр бæрзæндты хаста... Мæнæ иу хъæдбын фæци Уастырджи йæ размæ. Загъта лæг: «Дæ фæндаг раст!» — «Хорзæй цæр мæ фæндйаг! Аипп ма фæуæд мæ фарст: Чердæм у дæ фæндаг?» — «Райгуырд иунæг фырт мæнæн,— Загъта лæг йæ фарстæн,— Æмæ номæвæрæгæн Агуръгн æз раст лæг». — «Раст лæг? Ей, уæдæ, Хуыцау Ауды дæ удыл,— Уастырджийæ растдæр, ау, Кæд æмæ кæм уыди? Мауал саф дæ рæстæг, цом,— Кæд нæ дæ æрра лæг, У мæнæн æвæргæ ном, У дæ фырт мæ хъанаг!» —70—
— «Ау, куыд рахонон дæу раст, Кæд фыдгæнæг хъалтæ Ам, дæ куывддоны цур раст Сæргæвстой мæ галтæ?! Æмæ абон дæр цæрынц, Худынц мыл фæсаууон, Барухс сын кæныс ды рындз, Стауыс сæ Хуыцауæн... Нæ, дæу раст ысхонæн нæй»,— Загъта лæг æмæ та Дарддæр адардта фæрнæй Иунæгæй йæ фæндаг. Бон... дыууæ... цыди уæддæр, Уыд йæ сагъæс йе ’мбал, Уалынмæ та йыл кæмдæр Фосфæлвæра фембæлд. — «Байрай!» — радта йын салам. Уый дæр: «Хорзæй бацæр! Хатыр бакæн, фæлæ, дам,— Циу йæ сæр дæ балцæн?» — «Райгуырд иунæг фырт мæнæн,— Загъта лæг йæ фарстæн,— Æмæ номæвæрæгæн Агурын æз раст лæг». — «Раст лæг? О, уæдæ дæ балц Ацы ран фæхицæн, Дарддæр агурын ныууадз,— Растдæр нæй мæхицæй. —71 —
Кувынц дзыллæтæ мæнæн, Мæн фæмыеынц хорзæй,— Æз сæ удыл хæцæг дæн, Бафсадын сæ фосæй»... Дзырд нæма фæци æххæст, Афтæ лæг фæцырди: «Уаид тынг хорз, фæлæ æз Не ’ууæндын д,æ дзырдтыл,— Феххуыс мæгуыртæн кæм хъуыд, Уым сын ды цы ’рхастай? — Иунæг далыс ма мæм уыд, Уый дæр зæй фæласта. Дæу дæр раст ысхонæн нæй»,— Загъта лæг æмæ та Дарддæр адардта фæрнæй Иунæгæй йæ фæндаг. Ацыд дзæгъæлы йæ бон, Нæй та раст лæг ам дæр... Стæй та иу хъæуы кæрон Удхæссæгыл амбæлд. — «Цавæр бæстæй дæ цæуæг,— Бафарста,— кæм уыдтæ?» Æмæ уымæн дæр та лæг Радзырдта йæ хъуыддаг... — «Уæдæ дæу Хуыцау фæрнæй Раст фæдыл æрхаста: Ацы дунейыл мæнæй Не ссардзынæ растдæр». —72—
— «Ау, куыдæй хъуамæ уай ды,— Лæг 1ын загъта,— раст та, Сидзæр сабиты фыды Кæд тæккæ знон айстай? Кæд сæ фарсмæ та цæрьтнц Хъæздгуытæ фæрныгæй Æмæ худæгæй мæлынц Сабитæн сæ хъыгыл?» — «Æз Хуыцауы дæлбар дæн,— Нæу рæстмæ дæ хъуыды,— Уый кæмæй зæгъы мæнæн, Æз фæхæссын уыдон». — «Нæ, дæуæн æфсон нæу уый,— Загъта лæг,— æлхæдæй Чи кусы мæнгардæн, уый У мæнгард йæхæдæг!» — «Хъус-ма, хорз лæг, зон дæ ран! Ды мæ фыдæх ма дом, Кæд дæ фырт ысуа мæ хъан, Конд у уæд уæ амонд. Науæд радзурдзынæн æз Ацы цау Хуыцауæн^ Æмæ исдзæн уый йæ хæс,— Уый нæ уарзы фауын!» — «Исын æз мæлæт рæстæй, Сис ныр дæр дæ хъама, Демæ æз уæддæр хæстæг Ма бакæнон хъуамæ! — —73—
Загъта лæг,— дæ хъаст хæсгæ»... Арасти æдæрсгæ, Æмæ баззади кæсгæ Удхæссæг йæ фæстæ... Лæг та иунæгæй цæуы, Стæй кæсы ’мæ уæртæ Иу ран фæндагыл лæууы Ифтыгъдæй бæхуæрдон. Ноджы уæрдоны уæлхъус — Цавæрдæр бызгъуыртæ. Дзурынц иу лæг æмæ ус,— Стыхстысты цæуылдæр. Къаннæг сабитæ лæууынц Фæндаджы был дарддæр, Æмæ иууылдæр кæсынц Уæрдонмæ æнкъардæй. — «Адон базонон хæстæг,— Лæг сæм бауад цырддæр,— — Уæнт уæ хъуыддæгтæ рæстмæ! — Загъта,— циу уæ дзырддаг?» — «Адон дурзæрдæ æлдар Расырдта нæ комæй,— Сидзæр сабитæ — цыппар, Стæй рынчын сылгоймаг. У сæ дарддæр фæндаг зын,— Загъта лæг,— уый зонын Æмæ сьш уæрдон дæттын, Фæлæ йæ нæ комынц». —74—
— «Цæй, куыд æй райсон æз дæр,— Загъта ус,— фæрсын дæ, Кæд дæхимæ дæр æндæр Ницы ис æппындæр?» — «Æз лæг дæн æмæ уæддæр Истытæ кæндзынæн,— Иунæг дæн æмæ мæ сæр Исчердæм хæсдзынæн». Бæлццон дæр сæм джихæй каст, Бирæ сæм фæхъуыста, Стæй уæд загъта:— «Раст дæ, раст, Хорз лæг, у æххуысхъом!..» Æмæ сын йæ хабар укл Райдыдта уæд дзурын... — «Мæнæ,— загъта,— ныр уынын Раст адæм мæ цуры, Æмæ бакæнут хатыр,— Бафтыдта йæ дзырдыл,— Фæлæ цомут, хорз лæг, ныр Сæвæр ном мæ фыртыл». —75—
ш чиныг «АРТДЗÆСТ»-ÆЙ
® ■® ФÆНДАГЫЛ Адæмон æмбисондмæ гæсгæ, дзывылдары фыццагдæр кæцырдыгæй фенай, уыцырды- гæй — ома уыцы миниуæгæй — æххæст уы- дзынæ. Æз, сыгъдæгæй, дзывылдарæн федтон Уалдзæджы фыццаджыдæр йæ базыр,— Ис æдзух фæндаггон хызын ме ’ккой, Фаг мæ сæр нæма схъарм и мæ базыл. Ома æз бæсты фарны сæраппонд Стыр диссæгтæ скæнынхъом нæма дæн, Фæлæ дæн æппынæдзух фæндаггон, Нæй мæнæн зæрдæнцойæ æрбадæн, Цыма дæн раст царды фынгыл дзагдар, Æмæ рæгъ, бæркады рæгъ нæма ’рзылд... Æз, сыгъдæгæй, уалдзæджы фыццагдæр Дзывылдарæн ауыдтон йæ базыр... -77—
■аг УЫЙ КÆД ÆЗ НÆ УЫДТÆН... Гуыбырфындз лæппу уæрджытæм хæлафы Æгæрон дуне басгарынмæ хъавыд. Уырныдта йæ, кæй уыдзæн дардыл хъуыстгонд, Йæ цардысгуыхтыл никуы уыд гуырысхо... Кæм и сæ гуырдз ныр базырджын хъуыдытæн?.. Гуыбырфындз лæппу... Уый кæд æз нæ уыдтæн... -78—
®- ■© ш ш ш ж ж ж Лæг фæразы йæхи уды риссæн, Лæг фæразы хъыгæн æмæ низæн, Фæлæ, оххай, куыд зын у фæразын, .Искуы исчи куы стыхса дæ разы, Ды зын сахат йæ уæлхъус куы лæууай Æмæ баххуысхъом уымæн куы нæ уай. —79-
©■ МÆНЫЛ ЦÆУЫ ФЫНДДÆС МИЛУАН АЗЫ Мæныл цæуы фынддæс милуан азы, Кæддæр, сырдау, мæ цыппæртыл лæсыдтæн, Хылдтæн кæддæр, сæтæлæгау, мæ фазыл, Нæ зыдтон дзурын, зондыуаг нæ зыдтон... Æз къахтон зæхх æрвдзæф бæласы схъисæй. Фæлæ куыстмæ куы, батылдтон мæ дыстæ, Уæд бахъуыд мæн хæссын мæ уæхскыл искæй, Æмæ нæ зыдтон, адæймаг кæй ысдæн... Æфхæрдтой мæн... Æлхæдтой мæн ныхæстæй, Æз та сæркъул, æгомыгæй лæууыдтæн, Кæнæ цыдтæн, идадз-бæхау, сæ фæстæ, Æмæ нæ зыдтон, дзурынхъом кæй уыдтæн... Мæныл цæуы фынддæс милуан азы, Мæ номæй у фæлдисæг æрдз сæрыстыр. Уæддæр ма хатгай абырые мæ фазыл, Æрбайрох кæнын, адæймаг кæй ысдæн... —80—
©■ ТÆССÆЙ Цас зæрдæтæ ныххус кодтай, цас, Ды дæ сусæг æртхъирæнтæй, тас!.. Тохы уый бæрц нæ дæ ды тæссаг,— Уым æргом вæййы сусæг æвзаг, Уым цæстуынгæйæ лидзы тæппуд, Уым хъæбатыр лæг ратты йæ уд, Уым йæ æмбæрзæн сисы фыдлæг... Фæлæ хъусы, куы дзурыс сындæг... «Ма кæн, ма зæгъ дæ хъуыды æргом... Ма кæн, бамбæхс дæ хæлары ном... Ма кæн, радзур дæ хицауы фарс...» Уæд, æппындæр кæмæ нæ уыд тас, Тохы чи хаста артмæ йæ уд, Уый дæр разыны хатгай тæппуд, Æмæ растдæр цы вæййы зæххыл, Уымæй «раст у» нæ уæнды зæгъын... -81 —
э МÆСКУЫЙАГ ХÆЛÆРТТÆМ Æз дæн цытджын горæты уазæг, Æрцыдтæн æз хæххон бæстæйæ,— Арахъхъ рæгъ-хистæрæй кæм нуазынц, Фæлæ кæм нуазынц дон кæстæрæй... Мæ бæстæ у æрмдзаг æрмæстдæр, Æрмдзаг — къæйриу хæхты хъæбысы,— Æгомыг цъититы тых фæзтæм Фынк-рагъ цыбæл дæттæй кæм бырсы, Кæм лæууын кæны зæрдыл азæлд Нæ хæхты ивгъуыды æмбæхст ныв, Цыртæн фыдæлты цард кæм баззад Къæдзæхдур ахстæттæй нæ фæхстыл, Кæм у нымаддæр кадæй уазæг, Кæм у фæразон лæг йæ рыстæн, Фæлæ кæм нæу зæрдæйæ уазал,— Уый у мæ райгуырæн Ирыстон! —82-
МÆ МАДЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС Тæригъæд, чи амæлы, уый у, Æгасæн бирæ ис фæрæзтæ... Мæ мад! Мæн астаздзьтд лæппуйæ Фæстаг бон хъæубæстыл фæдзæхстай... Сæрыстыр чи кæны йæхиуыл! Йæ цардæй чи зæгъид: «Æгъгъæд у!..» Фæлæ уыд иунæг мæт дæ риуы: «Цы уыдзæн сидзæрæй мæ хъæбул!..» Æз та æхсидгæ царды рæзтæн, Æмæ кæд номдзыд лæг нæ рауад Мæнæй, Уæддæр нæ фæдæн раууат, Æмæ дын бафидин дæ хæрзтæ. Фæлæ куыд?.. Халас зæхх æмбæрзы... Хур арвгæрон ныгуылы мигъы... Бæргæ дын балхæнин кæлмæрзæы, Фæлæ ды нал æмбарыс ихæн... -83—
@' ■® ЧЫЗДЖЫ САГЪÆС Урс дидинæджы сыфтæ-иу тыдтон, «Уарзы», «нæ уарзы» — мæхицæн дзырдтон. «Уарзы»-йы сыфтыл-иу ме ’нгуылдз фæхæст, Æмæ йыл хатгай -æууæндыдтæн æз. ...Хус сыфтæр уæлдæфы атæхы рог. Дидинæг уалдзæджы райгуыры ног. Рæстæг дæр азгъордта, аивта цард. Дард и ныр сау лæппу, дард дæн æз, дард. Чи ма æууæнды, чи, урс сыфыл дæр,— Уарзы, нæ уарзы — нæ зонын ныр дæр. —84—
©■ ■® НЫМАЙЫ САХАТ... «Цъыкк-цъыкк-цъыкк» — нымайы сахат, «Цъыкк-цъыкк-цъыкк» — цæуы цырен суд,— Кæд уæ зæгъинаг нæ загътат... Кæд уæ кæнинаг нæ фестут... Рæстæг кæд уысмæй нæ барстат... Кæд нæ домдтат цардæй бирæ... «Цъыкк-цъыкк-цъыкк...»— ызгъорынц азтæ, «Цъыкк-цъыкк-цъыкк...» — кæнынц æртхъирæн... Зилы бонты суд нæ сæрмæ, Æмæ уый хивæнд æууæлтæн «Цъык-цъыкк-цъыкк» — дæтты дзуапп зæрдæ, «Цъыкк-цъыкк-цъыкк» — туг зилы уæнгты...
НОГБОНТЫ АРФÆ Ногбон райсом афтид армæй Нæй цæуæн фысымтæм,— Стæфстысты мæ цæнгты хъармæй Митæйкъахт лыстытæ... Уал æмæ уыл уал мин азы Хъæлдзæгæй фæцæуæнт! Уал æмæ уын уал ахъазы Ракæнæнт уæ цæуæт! Цардамæндтæ фидæн абон Уæнт уæ фарн-къæбицы!.. Фæлæ уæртæ сауцæст амонд Баззайæд мæхицæн! -86—
ф -® У дæ фарн кæуылты, Ды йæ мад дæ цардæн, Зæхх! Фæлæ дæуыл дæр Сæвæрдтой ном адæм! -87-
МÆ ЧЫЗГМÆ Æз куы райгуырин ногæй фæстæмæ, Уæд мæ цардæн æндæр уаг хæссин, Æмæ бонты æнæхыгъд рæстæгмæ Æз бынтон æндæр цæстæй кæсин... Фæлæ ног мæнæн райгуырæн нал и, Бонтæн та мын æнæ сургæ нæй,— Царды арфбын, æнæкæрон малы Дард кæмдæр ис мæ кæсаг бынæй. Уый мæ фæндты сызгъæрин кæсаг у, Фæлæ уымæн æрæгмæ æрмæст Æз фæцыдтæн хæрдгæбыд хызагур, Къух бæлæгъыл æрæгмæ фæхæст. Æмæ нал и ныр суадзæн мæ хызæн, Иунæг уысмæн дæр фесафæн нæй... Уымæн баззайы кондæй мæ хуыссæн, Уымæн дард дæн, мæ хъæбул, дæуæй! —88—
ХÆХТÆ О хæххон лæг, ды тохты æхсыст дæ, Фæлæ хатгай фæкæнын æз дистæ: Цымæ цавæр тыхгæнæджы ныхмæ Самад ацы æнæкæлгæ систæ?! —89—
-&• МÆ ФЬЩЫ ЦЫРТЫЛ Уыдтæ ды а зæххыл зæхкусæг, Æмæ, æрæнцой дын кæм нæ уыд, Ныр уым æрхуыссыдтæ æнусмæ,— Дæ фæлладуадзæн уысм æрлæууыд., Мæрдты цæй рухс и, фæлæ рухсаг Дæ ном уæд дзыллæтæн уæлæуыл!. —90—
© - ■ © III «Сæрд æрцыд, сæрд æрцыд»,— зары цъиу, «Мит-мит-мит, мит-мит-мит»,— стыхсти иннæ. Сиды уазал зымæгмæ сæ иу, Иннæ узæлы уалдзæджы цинæй. Бон та иу у, сæ бадæн иу, Зарынц иу ран фæрсæй-фæрстæм мæргътæ, Фæлæ дидинæг мысы сæ иу, Иннæ мысы хъæпæн-риу æврæгътæ...
® ф ХÆСТ 1 «Ды ныр лæг дæ...» Тæккæ знон дæр ма чи хъазыди хъулæй, Мæт фыны дæр кæмæ нæ цыд хæстæг, Гъе уыцы цардмонц сабитæ сæркъулæй Ныр кастысты сæ фыдæлты фæстæ. Æцæг цыма сæхимидæг æмбæрстой Сæ фыдæлты фæстаг ныхæсты уæз, Йæ карз æртхъирæн хъазæгау фæдзæхстæн: «Ды ныр лæг дæ ’мæ хæдзармæ фæкæс!..» 2 Хæст хæрзрох нæ ныууагъгпа мæн дæр Мæн хæстхъомæй не ’рыййæфта хæст, Тохфæдыл нæ фæцыдтæн æдгæрзтæ, Фæлæ федтон хæсты хуызы æз, Сау низау, æнæхатыр фыдрæстæг. Хæст... Уæд хъусын бомбæты хъæрзын, Хъустæ ’хгæнынц танкæты гуыр-гуырæй, Цæстыл уайы бардæйы кæрдзын, Æмæ згæхæрд телтæй конд æрмгуырой... Хæст хæрзрох нæ ныууагъта мæн дæр, Хæст мæныл дæр йе знæт къух æрсæрфта, Зæрдыл дарын акъоппы мæйдар Æмæ тарст, æнæхуыссæг æхсæвтæ... —92—
3 Гæркъæраг куы уасыд... Раздæр-иу нæм гæркъæраг куы уасыд, Ракаст-иу уæд тæрхæгæй мæ мад Æмæ, о, цæудзæни та нæм уазæг, Зæгъгæ, стыр цыдæр цинхуызæй бадт... Фæлæ—хæст!.. Ныр га^ркъæраджы уастмæ Мады ’нгасы цавæрдæр мæт зынд: «Чи уыдзæн æнæнхъæлæджы уазæг? Цин æрхæсдзæн уый æви цæссыг?..» 4 Фæсхæст Мах фæсхæст нæ дард зианты хабæрттæ, Сайд æнхъæл, нæ мадæлтæн нæ загътам... Мах фæсхæст сармадзанты хæтæлтæ Над зæххы быруйы михтæн сагътам... -93—
®- ■3? ЗАРÆДЖЫ ТЫХХÆЙ Нæ зонын æз, куыдæй уыди йæ райдыд: Сыгъд риуы маст, æви уыд зæрдæ райгонд,— Фæлæ зæххыл фыццаг хорз лæг куы райгуырд,— Уырны мæ,— уæд фыццаг зарæг дæр райгуырд... —94—
МÆ КУСÆГ ÆМБÆЛТТÆМ Ног та райхъал горæт, Уынг кæны æмызмæлд, Æмæ хъуыды згъоры Хæхты арф хъæбысмæ. Уайынц цæстыл мæнæ: Абухгæ Æрыдон, Æмæ, ныр æнæ мæн Шахты чи ис, уыдон. Дзурын сæм: «Мæн азым Ма кæнут, æмбæлттæ...» Худыны фæд хъазы Хидæйдзаг цæсгæмттыл... Дзурын сæм: «Сымахæй Æз чысыл фæцух дæн, Бафснайдтон мæ къахæн, Слæгъз ысты мæ къухтæ. Горæт ныр — мæ фысым, Згъоры дард Æрыдон... Фæлæ мысын, мысын Æз сымах а^рвылбон... Æз куы дзурын цардыл, Амонды фæрæзтыл, Уæд сымах фыццагдæр Ауайут мæ цæстыл... —95—
Æмæ дæн сæрыстыр, Бур кæттаг хæдоны Уемæ æз кæй куыстон, Хиды ад кæй зонын».
^ ЧЫЗГÆРВЫСТЫ Æз дæу зыдтон сывæллонæй, Ныр дæр мæ цæстыл ауайы: Уыдтæ сæудзаст цъæх бæлонау Дæ нывæфтыд цъæх къабайы... Ныр та?.. Лæууыс хæрдгæ роны Æмæ дæ риуыл урс хызы Дыууæ урс фаззон бæлоны Тæхынæввонг -ныхъхъус сты... Уацамонгæ —97—
® МАДЫ НОМ ЦÆУЫННÆ ФЫССЫ ЛÆГ? Лæгыл цæрæнбон мады уд куы сысы, Иæ мад куы у йæ рахъомылгæнæг, Цымæ, уæдæ, йæ фыды ном куы фыссы, Уæд мады ном цæуыннæ фыссьг лæг?.. —98-
ХÆХХОН ЛÆППУЙЫ ЗАРÆГ Æвзист фынк хæсгæ къæдзæхы фæхстыл Ызгъоры суадон цъитийы хъуырæй... .Лæджы хорздзинад зæрдæйы ’мбæхст и, Уарзондзинад та зæрдæйæ гуыры... Йæ нарæг кæмтты къæй-бын Къасара Сæрæн бæлццæтты бæрзæндтæм хоны... Æцæг уарзонад чи нæ бавзара, Уый царды адæн ницы фæзоны... Æз урс мæнæргъы никуы бахордтон, Æмæ хъæлæрдзы мæ зæрдыл лæууыд... Æз сау цæстытыл зарджытæ кодтон, Афтæмæй та дын цъæх цæстытæ уыд... —99—
©■ АРТДЗÆСТ Æвæрдта арв эæххон лæгæн быцæутæ, Цард цыд зæххыл куырмæг æмæ^æмырæй, Æмæ тызмæг, æдзæстуарзон хуыцæуттæй Æрхаста зынг уæд адæмæн Амыран. Дæу, царды цин, æз ахæм уысмыл раттин, Цæмæй лæгæн уон баххуысхъом йæ тыхсты, Уый федта арв, уый хуыцæуттимæ бадти, Фæлæ нæ фæтарст тигъæлвæст рæхыстæй. Нæ, уый тыххæй нæ ныллæууыди давæг, Нæ уыд, фыццаг арт уый тьгххæй дæ бандзæрст, Цæмæй дæм лæг йæ æфсæст хъæбыс тава Æмæ й’Ын уадза алайы тæф /артдзæст. Нæ, уый фæндыд, куыд уына лæг йæ развæд Куыд судза, куыд, цæхæр артау йæ зæрдæ, Куыннæ кома рæстыл тохы æртасын, Куыннæ хæсса лæгъстæйæ цард йæ сæрмæ. — 100—
©■ ® ЗОНДЫ ТЫХХÆЙ Ис алкæмæн дæр хи зонды хъыбыллæ,— Æнæзонд хоны зондджы-ны æдылы... —101—
ÆВЗОНГДЗИНАД — Фæлæуу, æвзонгдзинад, фæлæуу, Хъал кæ мæн уадгуырæн æхсæвты! Нырма ныр бамбæрстон, æз дæу Æгæр æнæвгъауæй кæй сæфтон!.. — Дæ бон у бауромын мæн, Уæрæхдæр байгом кæн дæ рудзынг! — Æмбал æз уым вæййын лæгæн, Иæ риуы тохы арт кæм судзы! — 102—
Ныхыл тадысты хиды аедтæхтæ, Мæй пырхæндæг гуылфæнты ныгъуылд. Комы арфы уьгнæргъыдтой хæхтæ, Æмæ зарæг сæ уынæрмæ гуырд... Зарæг райгуырд рыгæйдзаг хæдоны, Мæйы рухсмæ цъæррæмыхст фыстæй, Зарæг райгуырд, мæ хæлар, дæ номыл, Мемæ чи здæхт уæнгæхсыст куыстæй... —103-
©■ ■& ЛÆГ ХИУАРЗОН У... Лæг хиуарзон у, кадмитæм цыбæл у, Нымайы хатгай сонт тæрхон фæкæлдыл, Æмæ кæнын рæстзæрдæйæ цы ’мбæлы, Уый баивы рæстæгмæйы æппæлдыл... Фæлæ циу тас, циу аразгæ æфсæрмы? Нынныхъуыр маст, фæлтау ныффæраз хъуагæн!.. Кæд раст дæн æз, кæд у сыгъдæг мæ зæрдæ, Цæмæн тæрсон мæнг тæрхонæй уæд хъуамæ?! — 104 —
®- ■& БÆРГÆ, ДÆХИМÆ ИСКÆЦÆЙ ÆРБАКÆС... Фæрсæй кæсæг хуыздæр уыны, фæзæгъынц, Бæргæ, дæхимæ искæцæй æрбакæс, Æмæ дæ рæдыд ма бауадз хæрзæлхынцъ, Кæйдæр рæстуайдзæф сусæг мастæн ма хæсс... — 105—
МÆ ФЫДМÆ Æз зонын, цард дывæр кæй нæ у, Æмæ кæй ницы ис дæлæуыл, Схæлæ куы акæсын фæстæмæ — Мæ сонты уæгъды сæфт рæстæгмæ, Æмæ куы ауайыс мæ цæстыл Ды хидвæллад æмæ фæлмæстæй, Уæд судзын химидæг æфсæрмæй, Æмæ мæ зæрдæмæ ныхъхъусын,— Цыма дæ ингæны къæсæрæй Дæ уайдзæф ауайы мæ хъустыл... — 106—
@- @ ÆЦÆГ УАРЗТ Муса Джалилæн Цымæ цæуыл, цæуыл уыди дæ хъуыды, Тæссаг сахат дæ фыдгулты æхсæнмæ Куы фехъуыстай æвирхъау уац дæ бæстæй: Зæгъгæ, ды уым — дæ райгуырæн рыст зæххыл — Кæмæй хордтай фæдисы бон хæстон ард, Кæй охыл уыд дæ мæлæтдзаг фæстаг тох — Уым дæ нымад ды адæмьг ызнагыл?.. Фæлæ циу уарзт, Ды уый тыххæй куы уарзай, Кæй уарзынц дæу!.. Нæ, Уарзтай ды дæхæдæг, Æцæг уарзтæй дæ Фыдыбæстæ уарзтай, Æмæ уый уыд дæ аходжиагдæр лæгдзинад!.. -107-
ГАЗЕТ КÆСГÆЙÆ Цыма цъæхнæууы сындз, Нæуæг цаутимæ ’мхицæй — «Уый æмæ уый,— фыссынц,— Кæны йæ къайæ хицæн». Æмæ хъуыды кæнын: Уæдæ цæмæн æмбæхсæм, Мæ хæлæрттæ та ныр Кæй аразынц чындзæхсæв?.. Æрфæндыд мæ, цæмæй Æвзист фыстæй ныффыссой, Нæуæг къæйттæ фæрнæй Гуырæн бонау куыд мысой, Куыд хоной уый сæ ард, Куыд никæмæй уа сусæг: Уый æмæ уый сæ цард Ысиу кодтой æнусмæ... —108—
@ ® ТЕРЧЫ БЫЛ Хозиты Яковы номыа Згъорыс, Терк, дæ тагъд ызгъордæй, Хъуысы де ’нусон сæр-сæр. Зилы хурсыгъдбуар зæронд мæй Урсфы-нк уылæнты æхсæн... Уддзæф ракæны хæлар дымд Æмæ уазалдæф хæссы... О, фæлæ дæм æз хæрам дæн Æмæ тар цæстæй кæсын,— Дæу æвзонг поэт куыд уарзта, Дæу!.. Дæуыл куы уыд йæ зард, Уæд æнахъомæй куыд айстай Уымæн, уазал Терк, йæ цард?! Æви цин æмæ фыр уарзтæй Дæу æрфæндыди, цæмæй Суанг йæ æхсидгæдæр азтæй Цух уый ма кæна дæуæй?.. Æви дзаг риумæ йæ фырты Мад куыд балвасы æнгом, Афтæ ’нæрхъуыды рæвдыдæй Уый цæнуд кодта дæ дон?.. ...Цыма истæуыл фæлгъауы, Хъавы сдзурынмæ цыдæр,— Теркæй урс цæссыгтæ хауы, Калынц мæйрухсмæ цæхæр... — 109—
№ ЗÆРВАТЫКК Зæрватыкк уæлкъæсæр рæсугъд ахстон нывæнды, Æлыг, хъæмпы хæлттæ æргъæу муртау æвзары... Рæхджы уый, чи зоны, цъæх денджызы уылæнты Тæхгæйæ Хуссармæ, йæ фæстаг бон ыссара. Фæлæ сæрибар маргъ, æвæццæгæн, æмбары: Куы сæфа уый, уæддæр кæй нæ ис сæфæн æрдзæн, Æмæ йæ фæстæ ам — йæ бæлвырд конд хæдзары— Иæ урсгуыбын лæппын зæрдæрухсæй кæй цæрдзæн... — 110—
ж Ж Ш ж ж ж Зæрдæ! Ды æвдисæн Дæ мæ цин, мæ зынæн. Æз цæгъдын дæ хъистыл, Æмæ кæд сæ зыланг Искæйы рæвдауа, Уæд рæстмæ стæм, науæд Сты дзæгъæл нæ зæлтæ, Æмæ зон, мæ зæрдæ: Цас уой ’лвæстдæр хъистæ, Уый бæрц тонынц тагъддæр, Фæлæ уый бæрц искæй Агайы сæ цагъд дæр... — ш-
ÆЗ МÆ ФÆНДТЫ ТАХТÆН ÆМÆ ТАХТÆН Æз чысылæй чингуытыл фæцалх дæн, Æз чысылæй ахуырыл фæдæн, Æз мæ фæндты тахтæн æмæ тахтæн, Гъе æрмæст нæма зыдтон — кæдæм... Мад хуыдта мæн рагацау «инджинер», Мад йæ бæллиц ме екасты уыдта, Мад!.. Иæ дæрдджын къабайы фæдджийæ Уый мæнæн цыбыр хæлаф хуыдта... Чи сдæрзæг и халас бæхы рохтыл, Уыцы къухæй хойгæйæ мæ уæхск, Фыд дзырдта: «Ысуыдзынæ ды дохтыр...» Æмæ цин йæ ныхы ’нцъылдты ’мбæхст... Фæлæ ’ндæр, æндæр балцы нæ уынгты Мæн хуыдта мæ нудæсæм фæззæг... Æз æфсæддон хъахъхъæнæг лæууыдтæн,— Æз æвгэедтон хæхты бын æрзæт,— Æз мæцъисæй цъити-къултæ къахтон... Фæлæ пиуы арф хъуыды хуыссыд, Æмæ-иу куы айзæлд комы тагъд дон, Мæй-иу тары комрæбын куы ссыгъд, Уæд мæ фæндты тахтæн æмæ тахтæн... — 112-
МЫДЫБЫНДЗ Ды федтаис, куыд тæхы Уый быдырты уæрæхы, Æмæ зыдæй куыд кусы Сырх дидинæджы къусчы, Уыдтаис, бур мыдадзы Уый адджын мыд куыд уадзы... Фæлæ ды федтай, барæй Куы вæййы уый хъыгдарæг, Уæд йе знаджы уæлфады Куыд ныссадзы йæ фат уый, Æмæ фæсхæст йæ уæлæ Иæхæдæг дæр куыд мæлы?! —113—
ÆХХОРМАГ АЗ ÆМÆ САБИБОНТÆ Мысын нæ къулхæдзар донбыл, Мысын нæ даргъ бал бæлæстæ... Арæх мæ сабийы бонтæ Афтæмæй уайынц мæ цæстыл: Сысы изæр-фæлмы бонрухс... Стылди мæй арвы бæрзондмæ... Бады фæлмæндзаст зæронд ус, Бады дæрзæгдаст зæронд лæг, Æмæ куыннæ кæуа ’мбуйæ Уый тыххæй балы хуыскъ кæлдыл, Фарæстæммæйдзыд лæппуйæн Дарынц хæдæвзæрд хуыскъæлтæ. Райгуырд уый æххормаг азы Урсхил куыствæллад зæрæдтæн, Райгуырд— хъыллистгæнаг «хъазæн», Райгуырд — сæ цинæн, сæ мæтæн. Чи райгуырд, уый та æз уыдтæн, Æмæ фæстаг гуырд кæй фæдæн, Уый судзаггагæй ысхуыдтой Сых мæн «къæссайы цæгъдæнтæ». Алыгъд мæ хистæр фæсæхсæв,— Уый, мæгуыр, кодта æфсæрмы,— Усгуры мад ма кæй хæссы Ахæм хъуыддæгтæ йæ сæрмæ!.. -114—
Чи зоны æмæ нæ хъуыдтæн, Чи зоны, уой мæ фæсмонгонд. Фæлæ фæцудын нæ.куымдтон, Домдтон мæхионтæ, домдтон... Рæзтæн, фыдæнæнау, рæзтæн, Æмæ кæй уыди уæлдай зын, Уый тыххæй царды æмуæз тых Райстон æз æххормаг азæй... — 115—
•& ^1| 0тп» етЪ етпл Сæууон æртах бæласы хихæй Æваст æрхауд æмæ æрбайсæфт... Мæ хуры хай, цы кæсыс джихæй? — Уым ног æртах æрттивдзæн райсом... — 116—
© БАДÆГ ЧЫЗДЖЫ ЗАРÆГ Мæрдвæсмон фæкæной, адзалмæйы фæсмон, Хæстæрцыд кæй фæнды!.. Ыссæдз азы дæргъы æз нал аивæзтон Мæ фæндыры тæнтæ... Ыссæдз азы рæгъы æз царды тæрхоныл Куы нæма æууæндын,— Ыссæдз азы дæргъы дæу мæрдтæй ысхонын Куы нæма фæуæндын... Кæд де ’нусмæ цæфтæ, дæ хъæдгом къабæзтæ Дæ хурæй æмбæхсыс,— Куынæуал базона йæ хæрзконд Алхæсты, Кæд уымæй фæтæрсыс... Æз уымæн фæкувын — цы ’мбæлæг æрæфта Мæ дунейы рухсыл... Дæ зæрдæйы змæлд ма, дæ иунæг улæфт ма Уæддæр куы фехъусин!.. — 117—
® ® МÆ ЗÆРДЫЛ ДАРЫН... Рагæй нал дæн æз нæудзарм хъæуы цæрджытæй„ Рагæй нал уыдтæн æртæхæвæрд цъæх хуымты, Фæлæ хъæугæрон сывылдзхъæдæй цæджындзыл Къахтæй баззади йæ боныхыгъд мæ гуырдæн... Рагæй, тынг рагæй мæ мидфынæйы хъармæй Мæн нæ хъал кæны сæныкиртæст сæгъы хъæр, Фæлæ мад-армау æхсызгонæй æнкъарын Æз мæ гом къæхтыл нæуæг фæлдæхт зæххы хъарм... Рагæй нал фестын æз уасджыты хъæрахстмæ, Рагæй не ’руадтæн æрыскъæфджын тæссæртты, Фæлæ булæмæргъ куыннæ рох кæны й’ ахстон, Афтæ дарын æз нæ къулхæдзар мæ зæрдыл... — 118—
ДИДИНÆГ Хъалзæнгæй дурыны Дидинæг рæзт, Снывæзта хуры ныв Уымæн йæ цæст. Фæлæ йыл иу азмæ Сцæттæ мыггаг, Æмæ йæ хæдф-арсмæ Сæвзæрд дыккаг. Уайтагъд æрлæмæгъзæнг, Уайтагъд æрцъынд,— Цыма йæ æмбæхсын Афон æрцыд, Хуры тынхауæнæй Акъул и, раст, Цыма фæаууонæй Чысылæн тарст... Райгондæй дурыны Дидинæг рæзт, Снывæзта хуры выв Уымæн йæ цæст... —119—
@/ ■& АВДÆНЫ ЗАРДЖЫТÆ 1 Авдæны уæлхъус Артдзæст саби райхъал, Ивазы йæ цæнгтæ... Райхал-ма йын, райхал, Й’ авдæны бæттæнтæ, Равдис-ма йын ирд арв, Арвыл дзаг зынг мæй дæр,— Аъуамæ уа сæрибар Удæй дæр, уæнгæй дæр. Хъуамæ йе ’взонг азты Ма сахуыр уа бастæй, Хъуамæ ’ппæт дæр дома Адæймаджы номæй... 2 Хъæргæнаг амонд Æппæты кадджындæр бынаты, Цыбыр, цъæх-нывæфтыд хæдоны — Хъæргæнаг амонд бады уаты Æмæ кæстæриуджытæ домы... Йаё хъæрæй кæд фæриссынц сæртæ, Уæддæр куы нæ райхъуысы къуымæй — Уæд риуы бандзыг вæййы зæрдæ, Фæ>бадынц бинонтæ æрхуымæй... — 120—
3 Ноггуырды арфæ Ды райгуырдтæ дзæнхъа хæхты хъæбысы, Уæлмигъ фæроыгъд æхсæрдзæнты дæлбазыр, Æмæ дын дардыл арфæтæ нæ мысын — Фыды зæрдæ йæ хъæбулæн цы уарзы, Уый бирæ у хыгъд ныхæстæй зæгъгæйæ,— Фæлæ уыдзæн мæ фæндиаг дæ фидæн, Куы уай сыгъдæг æхсæрдзæнтау — зæрдæйæ, Æмæ нæ урс дзæнхъа-къул хæхтау — фидар!
©• ХÆХТÆМ Æз цырагъдар нæ лæууын уæ сæрмæ, Ие нæ фæкодтон кæмттæ уæрæхдæр, Фæлæ къулсæр куыннæ уон æфсæрмæй, Æмæ зæрдыл цæмæй лæууат, зæрдыл — Æз ирон хæзна къахтон уæ рæгътыл, Æз мæцъисæй уæ тигъ къултæ хостон... Хæхтæ, хæхтæ! Уæ æрымысынæн Æз хæсдзынæн уæ къæйдуртæй ностæ, Æз уæ уынæр мæ риуы хæсдзынæн... — 122—
®- ■® СБОН И... Иу хатт ма йæ æмпъызт кæрцы Арвы ирд бæрзондæй Афæлгæсыд ног хъал æрдзыл Стъалыгæс — зæронд мæй. Стæй ыссыгъд цæгат фæрссагыл Бон, æмæ йæ рухсмæ Змæлы дуне ахст кæсагау Уæлдæфы цъæх къусы... —га—
@- ФÆЗЗЫГОН ÆХСÆВ «Хъыр-р-ри! Хъыр-р-ри!» — æхсæвы тары Фæтæхы хърихъуппыты бал... Лыстæг мит донæмхæццæ уары, Уæрдонвæды æвзæры мал... — 124—
®- ф ФÆСКЪÆВДА Фенцад сах-къæвда. Хуры æмбæхст тын Мигъты асырдта арвы тыгъд къулæй, Æмæ цардцин æрдын-былæй фæзтæм Худы, ногнад сывæллонау, дуне... -125—
®" ФÆЗЗЫГОН БЫДЫР Быдыр снæрст, цымæ хурцæттæ бур нас, Тæскъ фескъæфы ныр раздæры рувæ1 Змæлы хуым, цыма буркъæдзил рувас Хурмæ къахы мæлдзыджыты губакк... — 126—
ХИНÆЙДЗАГ НУАЗÆГ Фæдзæхсынц иууылдæр: — Дæхи нын нозтæй хъахъхъæн! Æууæнк нæй иуыл дæр,— Ие — стыр пайда арахъхъы... Зæгъæм, æрфæндыд дæ, Цæмæй дæ хоной хорз лæг; Цæмæй кæдфæндыдæр Дæу сыхæн уа сæ хорзæх, Цæмæй нæ рахъæр уа Дæ сусæджъ1 фыдраконд, Уæд скæн арахъхъ æмæ Сых радыгай æрбахон... Лæг дзы куы аназы, Уæд алцыдæр æмбары... Зæгъдзæн: «Ныр уал азы Фæцардыстæм хæларæй!.. Фыццаджы сахуыстæн Нымайдзæн дæу фысымыл, Гъе стæй —«Хуыцауыстæн,— Зæгъдзæн,— ды дæ æфсымæр!..» Æмæ гъе ардыгæй Дзæбæхдæр кæс йæ фæстæ, Æмæ йын сабыргай Æрхабар кæн дæ хъæстаг... — 127—
Уый сых... Ныр сыхбæстæй Æрми ист у дæ пайда, Æмæ у<æд... уый фæстæ Уæлдæр æвналын райдай... Рæвдз лæуу, дæ гаджидау Уæгъд макуы суадз дæ къухæй, Фæлтау дзы алчидæр Фæйнæ-фæйнæ нынцъухæд, Фæлæ-иу аивæй Кæс хицаумæ уæлдайдæр... Æмæ уæд альг мæй Кæндзæн фылдæр дæ пайда... Æрмæст, о, абабау, Дæхи зынгхуыстæй хъахъхъæн: Дæ къæбиц м<а бауадз Фæцух кæнын арахъхъæй!.. —128—
® УÆД ÆЙ КУЫННÆ ИСЫНЦ ЙÆ КУЫСТÆЙ?.. Чысылæй сыхæгты зæрæдтæм Æмбæхстæй кауы хуынкъæй хъуысток Хъаст кодтой: «Иста, дам, гæртæмттæ, Æмæ йæ расырдтой йæ куыстæй...» Фæстæдæр къусбаруат къæссаимæ Куывдгæнæг дзуаронтæ зылдысты, Дзырдтой мæ фыдимæ: «Мысайнаг Хуыцауæн схъабыл кæн дæ мыздæй...» Æз дæр мæ гудатæ фæуагътон, Мæ фыдмæ базгъордтон тыхстхуызæй* «Баба, куы у Хуыцау гæртамхор, Уæд æй куыннæ исынц йæ куыстæй?.; Уацамонгæ —129—
чи зоны... Æдзынæг кæсгæ дардыл Тæнæг фæлмы бынæй Ыстылд фæныкхуыз арвыл Мæскуыйы сæрмæ мæй. Фыццаг хатт, мыййаг, мæйыл Нæ æрхæцыд мæ цæст,— Уæдæ цы ’рцыд, цымæ иæм Цæмæн ныджджих дæн æз?.. Кæд афонмæ нæ Иры Хæххон дæтты уъшæр Дæ уаты бадын бирæ Нæ бауагъта дæу дæр. Кæд та фæлыгъд дæ хуыссæг, Æрвон тыгъдмæ кæсыс, Æмæ ды дæр, мæ хуызæн, Кæд ныр дæхи фæрсыс, Кæд фенынмæ бæлгæйæ Ысцæйсудзы дæ риу; Кæд, чи зоны, ныр мæйыл Нæ цæстæнгас ысиу. — 130—
СУАДОН Сæууон æртæхау,— Æвзист таппузтæй Æнхъæвзта суадон Хæххон æрдузы. Фæлмæст лæг ууыл Ыздæхт йæ куыстæй, Иæ дисы кой йын Дæрдты дæр хъуыстой, Фæлæ дз!Ы чидæр Зæрдæхæрамæй Кæнæ фыдæнæн Цæппæрста лами. Æмæ кæд уайтагъд Æрбадт йæ лакъон, Кæд ног, фыццагау, Æнхъæвзта суадон. Кæд удыхосау Дымдта йæ уазал, Уæддæр сæгдонау Уый рохы баззад. Фæллад ыссивæг, Фæллад фæндаггон Фыдхъусæггагæй Хуыдтой уый «лакъон...» .— 131-г-
&■ ■@ ДАРДÆЙ Камари, цæнгдарæн дын Не ’вæрдтон æлхæдæй,— Ног чындзы лæварæн дын Æз уыдтæн мæхæдæг. Сыхæн мæм фыр хæлæгæн Иунæг мæ уд разынд, Æмæ ныр мæхæдæг дæр Нал дæн, нал, дæ разы... —132—
@- ■@ эй; ж ж /НЪ <т> «т» Тад миты хæрæзæй — Малусæджы разынд... Мигъæмбæрзт уæлвæзæй — Хуры сусæг дард зынг... Змис фæзы хуыскъ къæйыл — Уазал суадон сæрды... Уыдæттæ мысгæйæ Ды лæууыс мæ зæрдыл... —133—
СЫРДДОНЦЪИУ Æртæхæг мæргътæм худтæн æз, Дзывылдæрттимæ хъазыдтæн, Дæуæн та нæй рæсугъд хъæлæс Æмæ сызгъæрин базыртæ. Ды та нæ хастай Скæсæнмæ Цым1ыдис цаутæ Хуссарæй, Æмæ-иу хибар къæсæрыл Æнцад ыыхъхъус дæ къулсæрæй... Фæлæ та сыф куы бабур и, Куы бадт цъæх халас мах фæзтыл, Уæд уыдон хъарм цард агурæг Тæвддæр рæттæм фæтахтысты. Ды та нæ лыгътæ Хуссармæ, Нæ дæ фæсырдта сур зымæг,— Æмæ-иу кастæ къулсæрæй, Къæмдзæстыгæй мæ рудзынгмæ. Æмæ æрмæст уæд бамбæрстон — Æз дурзæрдæ кæй разындтæн, Æмæ фыццаг хатт равзæрстон Æрттиваг тæлм дæ базыртыл... — 134—
ж ж ж Зæрдæ хатгай цæмæйдæр ныккæрзы, Риу нындзыг вæййы цавæрдæр тасы, Лæг цæмæдæр æнхъæлмæ фæкæоы, Лæг фæбæллы зæрдæвæрд ныхасмæ, Лæг йæ царды нæ вæййы къæмдзæстыг, Фæлæ фесты æвзæргæнæг, давæг... Афтæ тохы æнæнхъæл мæнг цæссыг Фæаууон кæны æргъæвд топпы хъавæн... О мæ дуне, мæ дуне! Хæстæгдæр Ахæм сахат æрбалæуу мæ фарсмæ, Æмæ зон — æз æрмæстдæр рæстæгмæ, Æз æрмæстдæр рæстæгмæ фæтарстæн... — 135—
АЦÆРГÆ ЛÆДЖЫ САГЪÆС Ма лидз, ма, мæ хур, мæ фæрсты, Æз дын ахсæн хыз нæ тауын,— Зонын,— базыруагъд цæргæсмæ Урс къуыпп-риу бæлон нæ хауы... Ма у, ма, мæ хур, къæмдзæстыг, Стæй æфсæрмыхуыз дæр ма у,— Демæ фембæлдæй æрмæстдæр Æз мæ рох сæнттæ рæвдауын... — 136—
ХОРЫБОН Хистæр фæтæн хъæзынкъусæй Фысымы даст сæрыл уагъта Урсбын хæрзæнхъызт къуымæл, Хистæр йæ барджын хъæлæсæй Фарста: «Цы курут, лæппутæ?» Æмæ йын цингæнгæ — «Хор! Хор!» — Иумæ лæвæрдтам мах дзуапп... Æхсæвы уадысты цæстыл: Даргъхъæд, рæсæй цыргъ къæпитæ, Ногбыд, дзæлв-уисæй чыргъæд, Саухал, æртæхдзаст быдыртæ, Бурсыг мæнæуы æфсиртæ, Ногдзыд къæбиладжын нартхор, Пух дзул... Мæ дæрзæгкъух фыд... — 137-
МÆ ХÆЛАРÆН Дæул уæларвы æмбæрц систо.й, Дæу’ æнæрхъуыдыйæ сдыдтой Рог, кæрæдзимæ гæсгæ. Æз æрлæууыдтæн сæ ныхмæ, Æз æрлæууыдтæн дæ ныхмæ, Æмæ загътон, раст циу, уый.-.. Суæнт ныр иууылдæр дæ ныхмæ, Дæу æнæрхъуыдыйæ фауæнт, Хъус-хъусæй кæнæнт дæ кой. Æз æрлæудзынæн сæ ныхмæ, Æмæ раздæрау дæу тыххæй Æз зæгъдзынæн, раст циу, уый... —138—
ХÆРÆГ ÆМÆ БИРÆГЪ Фæсвæд ран баззад хæрæг Æмæ ныцъцъынд фыр тæссæй,— Цæмæй йæ, сырд куыд хæры, Уый ма уына йæ цæстæй... Æмæ цъынд хæлцмæ бирæ Куыд фæкастаид бирæгъ?.. Фæлæ йын хус кæрдихæй йæ фæстаг къах куы хордта, Уæд æм æнцад ныджджих и Æмæ хъуыдытæ кодта: «Ныр мæ йæ цыргъ цæфхадæй Куы рацавтаид, сæрхъæн, Уæд цин æнхъæл æгадæй Иæ къæхты бын нæ сæфтæн?!» —139—
<& ХАЛОН Бафтыд халон дидинæг дыргъдонмæ, Азылд, смудгæ, бæлæстыл кæронмæ, Æмæ дзы хæдмæлы смаг куы нæ цыд, Уæд сыгъдæг, рæууæлдæфæй ферхæцыд Æмæ «Хъуахъ-хъ! — ныхъхъæр кодта фыр мæстæй,— Сæфы дуне, байдзаг тæфæй бæстæ!..» — 140—
©■ ■® АДÆМОН ÆМБИСÆНДТÆЙ Хæрæг æмæ гал Гал схъæлбæрзæйæ къæдзæхмæ фæцæйхызт, Æмæ хъæр кодта тарст хæрæг фæдисы: — Кæсут-ма йæм, куыд æлгъыст у, куыд æлгъыст! Цæугæут, тагъддæр, раздахæд æй исчи!.. — Цы ’рцыди, цæй? — кæнынц ыл хъомвос бустæ.— Куы лæууыс лæгъзы хохы бын æдас ран, Уæд удайстæй цæуыл тилыс дæ хъустæ?! Дзуапп радта хæрæг уыдоны ныхасæн: — Уæдæ, уæдæ, цы уыл цæуы сымахыл! — Куы рахауа, уæд та Йæ хæсгæ у мæ рагъыл... 2 Тæригъæдгæнаг фырпг Иу бон фырт йæ мадмæ касти: Уый сæрдыгон хурмæ кæрты Удхаргæнгæ суг куыд саста, Æмæ бархæндæг йæ зæрдæ. Бауад. «Уый цы кусыс?!—дзуры,— Де знаг афтæ хи æфхæрæд! Ауадз-ма... Æмæ дын дурыл Ацыргъ кæнон æз дæ фæрæт...» — 141 —
<©г УЫД ФЫДУЫНД ЛÆППУ НÆ ХЪÆУЫ Уыд фыдуынд лæппу нæ хъæуы, Уый йæ тарф фыны дæр Дард лыгъд чызджытæй,— кæй хъæуы! Чи ’рвæссы фыдуындыл!.. Уыд гуырвидауц чызг мæ сыхы, Æмæ-иу йæ рæзты Уынгты суайгæйæ, фæсырх и... Кæд, мыййаг, фыр мæстæй?.. Чызгмæ минæвæрттæ ’рвыстой Усгурты хуыздæртæ, Фаелæ сусæг дзуаппæн хъуыстой: «У нывгонд мæ зæрдæ...» Æмæ иунæг дæр нæ зыдта, Уый нывгонд кæмзен уыд, Алы усгуры фæзынд дæр Уымæн хъыг цæмæн уыд... Уыд фыдуынд лæппу сæ сыхы, Æмæ-иу йæ кастæй/ Чызг, сæууон хурау, фæсырх и... Кæд, мыййаг, фыр ^уарзтæй?.. —142—
■© НЫРМА. НЫР БАМБÆРСТОН... Нæ уыд мæ фыдæн газетты йæ хуыз, Нæ фæци уымæн йе сгуыхтдзинад хъусæг, Фæлæ уыди йæ дæрзæг къухтыш фыст — Кæй уыд рæстуд, сыгъдæгзæрдæ зæхкусæг. Нæ уыд мæнæн уæладзгуыты мæ рæзт, Бынæн мын баззад райсомы цæнгбатылд... Æмæ нырма ныр бамбæрстон æрмæст, Кæй уыд мæ фыд æвæлмæцгæ хъæбатыр... —143—
& ФÆСБАЛЦ Къуыммæ баппæрстон ме ’лхынцъбаст галстук, Дымгæ уадз æмæ гом риумæ згъорæд... О мæ хæлæрттæ, мемæ та нал стут,— Æз ныууагътон фæтæнуынгджын горæт... Митсæр хох мæм йæ заз бæлас-цонгæй Сиды, цыма мæн мысыд æрвылбон, Комы арфæй йæ уарзон бæлццонæн Зары йе ’нæном зарæг Æрыдон... -144—
ФЫН Æз ма хæрзæнахъом уыдтæн, Уæд цардæй ахицæн мæ мад, Æмæ йæм фыны дæр куыдтон, Уæддæр мæ цæстытыл нæ уад. Цæссыг нæу тæдзынæджы дон, Фæлæ хъыджы бон нæу æххуыс, Æмæ ныййарæгæн бынтон Мæнæй рох байдыдта йæ хуыз. Æрмæст мыл иу æхсæв æрцыд Мæ фыны цавæрдæр бæллæх: Хъæдæй мын амадæуыд цырт, Лæууыд кæуæг мæрддзыгой рæгъ, Æмæ хуыссыдтæн æз æнцад, Æгомыг мидрызтæй рызтæн, Мæ уæнгты нал æнхъæвзта цард, Æмæ йæ рагфæудыл тыхстæн... Фæлæ æваст æрбайхъуыст дис, Иæ куыдæй мæрддзыгой фæхъус,— Мæнырдæм сабыргай цыдис Бæрзондгомау фæлмæндзаст ус... —145—
«Азырхан!» — сирвæзти мæ хъæр, Мæ мадмæ баппæрстон мæхи... Фæлæ уыд уыцы цин æгæр, Мæ хъæрмæ фехъал дæн... Кæм и?! Нæ, нæ... Æгъатыр у хъысмæт, Æмæ нæ райгас уыдзæн мард... Фæлæ йæ хъæбулы тыхстмæ Кæсын нæ бафæрæзта мад!-. -—146—
^ ХУЫМÆТÆДЖЫ ÆЦÆГДЗИНАД Кæмæй ферох уа райгуырæн хæдзар, Уый не ’рымысдзæн райгуырæн хъæуы дæрг Æмæ йæ дард фæхаста, зæгъгæ, цард, Уæд не стыхсдзæн, Фыдыбæстæ, дæуыл дæр! Кæмæ нæ фæкаст мады ’хсыр хæрзад, Уый адæмæн нæ фæлæудзæни дзагдар, Кæмæн нæу адджын мадæлон æвзаг, Уый никуы уарздзæн искæйы æвзаг) дæр. -147-
Ш’ БАЛЦЫ ЦÆУГÆЙÆ Æз куы цыдтæн райгуырæн хъæубæстæй, Уæд фæлмæн быдираг дымгæ сыстад, Æмæ уынджы акъаци бæлæстæн Сабыргай сæ цъæх къалиутæ уызта. Æмæ каст мæнмæ, цыма мæ фæстæ Сыхæгтæ сæ кæлмæрзæнтæ тилынц, Цыма раст фæндарасты ныхæстæ, Сыфтæрты фæлмæн сыр-сырау, зилынц. — 148—
ш- ’Ш УЫНДЖЫ — Нæй фыдзонд, фыдæвзагдæр Дауханæй, Йе ’взæрдзыхæй сыхбæсты цард халы!.. — Ау, æмæ йæ тынг хорз ус куы хуыдтай!.. — Æз? Æмæ... уæд йемæ хыл нæ уыдтæн... — О... уæдæ нæма фæхыл дæ мемæ, Æмæ нæй мэенæй хуыздæр дунемæ!.. — 149—
СЫМАХ ЦÆРДУД, ЦÆРÆЦЦАГ ЫСТУТ, ХÆХТÆ! Кæс сымахæн уе ’ууæлтæм дзæбæхдæр, Хъус, куыд зæлы сусæг уынæр комы, Уæд цæрдуд, цæрæццаг ыстут, хæхтæ! Дзæгъæлы уæ рахонынц æгомыг. Куы ныббады тар æврагъ уæ сæрмæ, Цыма знæтæй уе знагмæ лæбурут, Куы чызгау фæсырх вæййут æфсæрмæй Æмæ рог уæ мидбылты фæхудут..- Хаттæй-хатт мæм афтæ дæр фæкæсы, Цыма мæн ныннарæгау æмбарут, Куы мæ хъыгæй фезгъæлы уæ цæссыг, Куы мæ цинæй урс дидинæг калут...
ш •т ФÆРÆСТМÆ «...Хорз загъта мæ бæС*Ы Абай — цытджын поэт кæддаГу», Хъ. Геор Геор, цы ма сафыс ныхæстæ, Цы ма тыхсын кæныс дæ сæр? Уæддæр куы фæфыста дæ бæсты Абай — цытджын поэт — кæддæр... — 151 —
ш- ш ФÆДЗÆХСТ Иу поэтæн Дæ фыст нын хоныс музыкалон, Фæлæ дæ ма ферох уæд аргъау: Йæ зарæгæй æппæлыд халон, Æмæ йæ цыхт йæ дзыхæй ахауд. —152—
®' -® БЫНАТАХСÆГÆН Нæ хъæуид демæ мæн быцæу, Нæ уаид ам бæргæ дæ куыст, Фæлæ æдылыдзинад нæу Лæгæн, мыййаг, йæ ныхыл фыст... —153—
& чиныг «КЪАХУЫНÆР»-ÆЙ
МÆ МАДМÆ Мах фембæлдыстæм цардæфцæджы тигъыл, Фæлæ фæзынд нæ дыууæйы ’хсæн арæн: Дыргъ-дидинæг, дæу стыдта азты ихæн, Дæ хъарм ныууагътай ног дыргъы æвзарæн. Ды бацъынд дæ. Æрвон’рухсы уындимæ Æз бавзæрстон зæххон хъыгты мæстагдæр: Сывæллоны фыццаг цъæхснаг куыдимæ Æрдз фехъуыста ныййарæджы фæстаг хъæр... Нæ зыдтон дæу. Фæлæ цы ссардтон номдзыд Сыгъдæгдзинадæй ацы зæххы сурыл, Æз сæмбырд кодтон уыдон иу фæлгонцы, Æмæ дзы снывæзтон мæхинымæр дæ сурæт, Куы райдайынц сылгонмагæй æппæлын, Уæд æм дæу æнхъæл фенынмæ фæбæллын. ^155—
©■ •ш СОНЕТ АБАДГÆ ЧЫЗГÆН Дæ дзыккутæн, рæхсад худы æндæхтау, Сæ урс хилтæ æфсæрмыхуызæй ма лас,— Дæ цæст-ма ахæсс рудзынгæй нæ хæхтыл: Сæ бæрзонддæртыл тынгдæр бады халас... Сырхфарс фæткъуы! Ды бæласыл æрзадтæ Бæрзонд ран æмæ баззадтæ йæ цонгыл. Дæ фаззæттæ нæ уыдысты хæрзаддæр, Фæлæ уыд къухæн се ’ртонын æнцондæр. Дæу та фæндыд дæ фæлмæн уарзтæй уарзын, Дæу та фæндыд цъæх æвзартимæ хъазын, Фæлæ дæм царды не ’рцыди фæсмон, Нæ кодтай хъаст суанг де схæссæг бæласæн... Сæрыстыр у: рæстæфхæрдæн фæразын Æрмæстдæр у хъæздыг зæрдæйы бон! — 156—
ш ’Ш СОНЕТ Фыдæлты хотых — топхосдон бæрцытæ Уæлæдарæс, уынды дзаума куыд сысты, Сывæллон хъама йе ’рттывдæй куыд мысы, Сонет, нæ дугмæ афтæмæй æрцыдтæ. » Фæлæ рæвдз лæуу,— хъæуы нырма дæ хотых: Поэт фæдисæй де ’лвæст дзырдмæ сиды,— Кæд сызгæ арц, уæддæр æргъæвд зæххон тых Ракетæтæй æрвон тыгъдадты зилы. Тызмæг у цард... Кæдмæ хъæдхъуыр трибунтæй Кæнгæ дзырды цæнгæт уынаффæ хъуыса, Зæхх йе ’дзаг уа бынатагур тæппудтæй, Æнæхъуыды куырмыты бын æнкъуыса, Æмвæндаг уой рæстуд æмæ мæнгард,— Æхсиддзæн туг, æндзæвдзæн кардыл кард! -157-
В’ ’Ш СОНЕТ СЫЛГОЙМАГÆН Нæ уыд дæ равзæрд цингуывдаг хæхбæсты, Цæстуарзон сых, сæхи хъаргæйæ арвмæ, «Лæппу дын райгуырæд!» — дæ мадæн кодтой арфæ, Дæ фæзындæй фыд йе ’мгæрттæй æмбæхсти. Фæлæ дæуау ирон æфсарм кæуыл зынд! — Сылгоймаг-иу куы ’рцæйцыди сæ рæзты, Уæд-иу æруагътой туджджынтæ сæ гæрзтæ, Зæронд лæгтæ-иу сыстадысты уынджы. Ды мæн, хъæрзгæйæ, тухитæй ныййардтай, Ды схастай мæн, æгъуысгæ уарзт мын радтай, Мæ зæрдæпы мын ссудзын кодтап ныфс. Сылгоймаг, æз кæнын дæ размæ зопыг: Ды мæ хъаруйæ, зондæй дæр фæзмыс, Æз та дæуау фæлмæн уæвын нæ зонын. —158—
»■ ш ХЪУЫДДАГ ÆМÆ НЫХАС «Мæ кæхцгæнæны дзаг фынгæй цы райстон? Цымæ цы дзаума равзæрстон куыстæн?» — Тыхстæн-иу æз, æмбарынхъом куы сдæн, Фæндыд мæ зонын — циу мæ хъысмæт райсом. Фæлæ нæ фæци дзуапраттæг мæ фарстæн, Уыд буц митыл мæ сабидуг æлгъин, Æмæ фыццаг хатт цонгтылдæй фæраст дæн,— Мæ царды фæтк хъуыд равзарын мæхи... Тагъд ныхыл хид... Сæр мидхъуыдытæй рыст.., Æрцыд мæцъис, лæгъзгуыбын белæй фыст Мæ къухæрмттыл цæрæг уды хæсæвæрд. Æмæ ныр зонын, нал мын у дзырддаг: Фыццаг кæй уыд лæджы царды — хъуыддаг, Ныхас, ды та кæй фæзындтæ — фæстæдæр!.. —159—
р ш СОНЕТ ХÆХТÆН Цæмæй ысурс ысты сæ сонты кары хæхтæ, Сæ айнæг уæхсчытыл, идæдз саудар усау, Цæмæн æрбакæнынц изэерыгæтты сау? Цæуыл ныуулæфы дон арф комы, уынæргъгæ? Цæуыл фæджихау и хæлд, тугахуырст мæсыг, Æвзистдзыкку-пырхæй къæйбын мæсчъы рæбынмæ Сæнтурс æхсæрдзæнтæ цæмэен хауынц сæрбынмæ, Цæй хъыгæй фемæхсти цъæх цъитийы цæссыг? О Иры цирхъ-хæхтæ! Æрвон цъæхы ныхстæй Уæ дисы бацæуæг фæстагоны тыхстмæ Рыст мадзура фыдау, æгомыгæй цы кæсут? Æви йæ зæрдæйæн æгæр хъыджы тæссæй Æгуыппæг арф кæмтты уæ хъæбулы цæстæй Сымах нæ фыдæлты удуæлдай цард æмбæхсут? — 160—
ФЫДÆЛТÆ ÆМÆМАХ- Нызтой арахъхъ ирон фынгыл сыкъайæ: Сыкъа куы суадзай, уæд кæны фæлдæхгæ, Уый уыд æвдисæн нуазæгæн, зыдта йæ — Лæууа лæг хъуамæ фидардæр йæ къæхтыл. Чындзыл-иу хыз нæ æрытыдтой хинæн — Фæсномыгæй йын уый руаджы фæдзæхстой: Чызгон æфсарм куыд баззайа йæхимæ, Æмæ фæсмой куыннæ суадза йæ цæсгом. Мæ фыд! Нæ хастай худинаг дæ сæрмæ. Ныййарæг мад! Фæдадтон æз дæ дзидзи — Цæмæй уон хайджын де’рдхæрæн æфсармæй. Фæлæ у рæстæг ног, æмæ уæ фæстæ Куы нæ бафтауон ног хæзна уæ хæрзтыл, Уыдзæн мæ уæд мæрдты уæ цæсгом чъизи. 6 Уацамонгæ — 161 —
ш- ■ш ХÆХТÆМ ÆРЫЗДÆХГÆЙÆ Фæстаг нысан, цæрæнбонты бæллиццау, Сæудзаст цъититæ сидтысты мæнмæ, Уад цæстытыл — цъæх суадоны былмæ Дзæнхъа къултыл цæукъа-сычъи куыд лидздзæн... Фæз-хъæуы гуырд — цъæхнæуу быдыртæй мæн Хæххон зæрдæ æвзист цъуппытæм ласта, Цыма уыдис уым дунейы сæмæн, Цæрæг зæххы тымбылæджы бæстастæу. О хæхбæстæ! Бæрзæндтæм сидæг уæнт Дæ урс тигътæ! Æз искæцæй куы здæхын, Уæд дзагриуæй мæхинымæр фæзæгъын: Тæхудиаг, нæ цардвæндаг, дæ фæстæ Кæй цæст федта йæ бæллицтæ æххæстæй, Кæмæй нæ фæлыгъд рагбонты æууæнк! — 162—
ш ф ГИМН ХÆДЗАРЫ .ÆФСИНТÆН Хъæуы уынджы æнæнхъæлгæ фембæлды «Цомут мидæмæ»,— дзуры лæг йе’мбæлттæм. Бафсæрмы сты,— бæрæг у сæ уæнг-зынæй, — Фæлæ — размæ,— лæг хоны æууæнкджынæй. Уый нæ уыди йæ хæдзары райсомæй Ацы талынг изæрмæ, Фæлæ тас нæу фæрсаг уайдзæф райсынæй: Уазæг буц уыдзæн — дары йæ зæрдæ. — О, æгас цæуат, замманай уазджытæ! — Æфсин циигæнгæ рауад сæ размæ/ Æмæ кæрты цывзыкъоппа уасджытæ Хъусынц тарстæй йæ фæлмæн ныхасмæ... Æфсин батылдта тагъд-тагъд йæ дыстæ..- Хыссæ, хаст фысау, арынджы рафæлдæхт, Норст бæгæны цæрæнбоны арфæтæн Зивæггæнгæ йæ хуыссæнæй сыстад, Фынгыл дзагæй бæркадхъуыр графин Æфсæрмгæнгæ рахид, Нуры хъазгæ-æртхъирæнау дуды, Нарст уæлибæх бæзджынбылæй худы, Тулдз тæбæгъы æнæхъæнфых уасджытæ Ракъуыпп кодтой сæ нард фæрстæ уазджытæм... Карз сидтытæ... Хæдзары æфсин та Мидбыл худгæ æрлæууыд фæссимдау... Уый æпдæр бонтæ федта йæ царды... — 163—
Нæй нæлгоймаг æрдæгконд хæдзары. Æфсин бады — æхсæв дæр нæ хуыссы,— Зилы цалхы къуыдырæй æрмгуырой, Дымгæ сойын цырагъмæ лæбуры, Хæлдфын сабитæ къуымы дзыгуырæй Скъæфынц цæстытæй къæлуайы бур рыг... Тар æндæргтæ ма хъазынц æмбæхстытæй, Боны рухс таг нæма ’ртасыд рæгътыл,— Афтæ æфсин æруагъта йæ уæхсчытæй Суджы æргъом — æрдæгцъæл хъæллæгътæ... Фæлæ мæнæ хъæу райынц йæ цинæй,— Ссыди хæдзары дарæг! Æфсин раппæрста йе скъуыдтæ цинел, Æмæ базмæлыд дзагхъæбыс арынг-.. Номы сидтытæ.... Айсут мæ сидт дæр, О нæ Иры хæдзары æфсинтæ! Ут æнæниз дæрæнбонты дзагкъухæй, Цины куывдты фæкæнут хъæуваг тухæн, Ма фæхъуызæнт уæ къæбицтæм зинтæ! — 164—
СИДТ ХЪÆЛДЗÆГ ДЗЫРДМÆ Адæм фæхудын уарзынц, Риуы дзаг цин сын ратт,— Адæм фæссагъæс уадзынц Зæрдæты стыр фæллад! Фесæфт йæ цинбæллиц фырт — Нал хуыссы мад æхсæв... Хъæлдзæг, зæрдæйæ ист дзырд, Мады цæссыг æрсæрф! Ныхы тызмæг уырынгтыл Сайд чызджы риумæ ’рхиз Æмæ йæ бауырнын кæн — Царды æууæнк кæй ис! Кусæг сæрфы йæ худæй Цæстыты хид... Фæзын Æмæ йын хъæлдзæг худтæй Алидзын кæн йæ зын! Бадзур зæронды хъусы, Сагъæс куы кæна, уæд — Дуне кæй у æнусон, Цинæн кæй нæй мæлæт! Фесхой фыййауы уадындз, Уазал былтыл æрбад!.. Адæм фæссагъæс уадзынц Зæрдæты стыр фæллад! —165—
в- ’Ш БЫДЫРОН ХЪУЫДЫТÆ Æз дæн, о саумæр зæхх, дæ хуымриуæй æрвыст, Дæу къахтон белгомæй, Дæу даргъ рувæнæй хостон. Ныр дæр æвдисæнæн мæ паспорты ис фыст «Колхозон». Æмæ дæ нæуу-тæрттыл æрæппæрстон мæхи, Дæ судзгæ зæрдæйы уæззау улæфтмæ хъусын. Æркъæдз мæ хæдсæрмæ Æрфæны фæды хид, Ныджджих æнусон арв — нæ мигъæмпъызт цъæх мусонг. Цæмæдæр дунетæ кæрæдзимæ тырнынц, Фæдисон стъалытæ цымыдис цаутæ скъæфынц... Фæлæ æз мысын дæу, Дæу — чи тауы пырындз Æмæ сырхсыг мæнæу Галактикæйы стъæлфыл! Æз дæн, зæхкусæг лæг — дæ къæссы гуырд хъæлæс* Æмæ Мæ улæфтау, мæ туджы змæлдау зонын: Тахт дуне дунемæ, Тох кодта Абон Сомыл, Зыст Паддзах паддзахмæ — — 166—
© # Дæ уæнтыл цыд йæ уæз. Фæлæ дын зæхх цыма дæ хидвæллад цъырдта, Цыма дын суадæттæ æрæхсадтой дæ уæнгрыст, Ды уыйау не скодтай Дæ тухитæ дзырддаг, Сыгъдæгуд сабийау дæ сомбоныл æууæндыс! — 167—
в- =—-—аг ЦАРД ЗОНЫНЫ ТЫХХÆЙ Æз куысты судзгæ монцимæ райгуырдтæн, Бададтон æй мæ мады æхсыримæ. Æз мæхи зонын райдыдтон Хид хæдоны, Кæронсаст æхсырфимæ. Суанг мæ фыды дæргъæлвæс цыргъ цæвæгæй, Уидыг къахæнæй айнæгдур къахæнмæ — Фæд цæмæй нæй мæ къухтыл, æвæццæгæн, Кусæн дзаумæттæй нал баззад ахæм. Фæлæ царды ’фсон чи хаста царды хыз, Чи нæ федта дæрзæг къухты ардуан, Ахæм адæм мæм хатгай æрбаздæхынц: Раст, дам, не ’мбарыс цардуаг. Æмæ хъуыддæгтæн се ’ппæтыл чи ’ххæссы! — Мæн цæмæдæрты хъуамæ нæ равдæлди... Фæлæ царды уæз йе уæнтыл чи хæссы, Уыдоны цардуаг зонын суанг авдæнæй. —168—
ГУТОН ÆМÆ’ КАРД Æрымысыдтæн Стъалыты зынг-хуртуан, Тыгъд арвы бын цъаех фæсалæй хуыссæн, Сæнтсау хуымгæрон ауæдзæй ист гутон, Æлвæст кардау — тæмæнкалгæ æфсæн... Уый уыд фæсхæст. Хæмпæл ныккæнды фæрсты Зылд халасбæх, хуыррыттытæгæнгæ, Дзырдта мæ фыд цæйдæр тыххæй йæ хъæстаг: «Лæг кардхæстæн нæ райгуырди, бæргæ!..» Дымгæ мигъты арвы риуæй марзта, Æрдæгсыгъд стъалы ратахти ныллæг, Æз тарбынмæ хъуыдытæгæнгæ кастæш «Уæдæ, цымæ, цæй тыххæй райгуырд лæг?» Мæнмæ зынди, Цыма сырх мæнæу тауынц Ирон зиууæттæ æврæгъты æхсæн, Æмæ хуыссы тæмæнкалгæ фæсауæдз Æрдæгкъахыр мæй — хуымæй ист æфсæн... — 169—
зынг Цæхæр-нæмгуытæ схъиудтой дард, Хæдтæхæг судзгæ зылд... Фæлæ цæмæй ыскæной арт — Нæ уыд хæдзары зынг. Сылæг-мигъ фæздæгæй ныббур, Кæйдæр бынхæдзар сыгъд... Фæлæ кæрæдзимæ зынггур, Хъуызгæ, цыдысты сых. Мæйдар æхсæв хъæу бонау зынд, Сырх пиллон уагъта арв... Фæлæ фæсахсæвæр сæ зынг Фæнычы норстой арф,— Цæмæй, куы хæссой райсом дард Ног нæмгуытæ цæхæр, Уæд къухтæ хъарм кæнынæн арт Уа ныккæнды уæддæр... —170—
АРГЪАУ Цæстыл уайы рог фын: Ме ’взонг бонты уалдзæг,— Хъисуадул зæронд фыд, Урс рихиты андзæвд. Бонвæллад уæрджытæм Мæйы ,айдæн рахауд. Æмæ, ехх, фæрнджындæр Дуне фестад аргъау!.. Халонбадæн къæйыл Аргъæутты бæстæйы, Талынгмæ бæлгæйæ, Рувас хурмæ срæйы. Донбеттырты комы Саудалынг мæйдары Уазал къада-доны Арс æнгуырæй дары. Худы фæрвы хихæй Æхсæрæг пæ мидбыл. Рагæпп кодта тигъæй Здыхтсыкъа дзæбидыр... Паддзахы рæсугъд чызг — Йе ’мхъæздгуыты фауæн — Радта уарзты хъусцæг Артзæрдæ фыпйауæн. — 171 —
Раст лæг фос фæкодта, Хин лæг арты бахауд..- Ехх, мæ сонты бонтæ — Хъулонбазыр аргъау!..
Ш’ •ш РАЙСОМ РАДЖЫ ГАККУКГÆНАГ УАСЫД Мæ зынгхуыст æфсымæр Тепсарыхъойы номыл «Гаккук-гаккук»,— даргъ кæрдо бæласыл Райсом раджы гаккукгæнаг уасыд. «Гаккук-гаккук, Уæ чызджы мын раттут!» — Урсных саби кæйдæр фæзмгæ хъазыд... Урсных сабийы сау низ фæхаста, Атахт гаккуччы уастау йæ раст уд, Федта ’рмæстдæр æнæзонгæ уарзтæй — «Гаккук-гаккук, Уæ чызджы мын раттут!» Саудзыкку чызг сæ цъæх кæрты хъазы, Гаккукгæнаг сæ кæрдойæ уасы — «Гаккук-гаккук»... Ис ахæм æмбисонд: Чи нæ банызта уарзты æртæхæй, Чи нæ федта йæ царды æмбисбон, Уый йæ нывгонд бæллицмæ æртæхы Æмæ мигъбазыр маргъы æнгæсы «Гаккук-гаккук»,— фæкалы йæ цæссыг. -173 —
ш ш & Зйч ^ етъ <ЛГЪч Э^Ръ Ис зæрдæйæн дæр гомриу арвау стъалытæ, Æууæнчы, уарзты, цнндзинады стъалытæ, Æмæ сæ рухс цы бонмæ судза алырдыгæй, Уæдмæ нæу тас йæ миддунейæн сталынгæй. Фæлæ лæгæн йæ хорз зонгæ, йæ хорз хæлар Куы райдайы фæливæн митæ алы хуызы, Уæд нал тавы уый æртыты бæстондæр арт — Æууæнчы стъалы ахуыссы. Æмæ цæф цъиуау зæрдæ баргъæфсы, Ныттымбыл вæййы дурау, цалынмæ Кæйдæр сыгъдæг ми ’рбахæссы Хъæрмуст тын риуы талынгмæ. — 174—
Ш’ Щ ЦÆУЫН ÆЗ САУ ЗÆХХЫЛ... Цæуын æз сау зæххыл... Мæ цыд — уый у мæ цыд, Мæ æрдзæй ист уæнгты змæлд. Зæгъын мæ зæгъинаг... Мæ дзырд—уый у мæ дзырд, Мæ зæрдæйы тæгты зæл. Фыссын мæ хъуыдытæ... Мæ фыст — уый у мæ фыст, Гуырдзæй фæзмæн нæй искæй: Мæ фыст—мæ сонт улæфт, Мæ тугдадзинты схуыст, Мæ сагъæсты фæдис-хъæр. Нæуын æз сау зæххыл... Нæу сусæггаг мæ цыд, Мæ къахфындзтыл нæ хъуызын,— Нæ дзыллæйы рæстагдæр удты цыт, Нæ дуджы гагъæстæ, Куырыхон лæджы дзырд Мæ туджы змæлды хъуысынц. — 175—
Р ™—■ ’ - ’ "I Мæгуыргур никуы уыдис Иры. О, уый лæууы мæнæн мæ зæрдыл! Æмæ уыдзæн хъызтытæ бирæ, Фæлæ ,хъæрмгур кæйдæр къæсæртыл Æз никуы ’рхаудзынæн. Æрхаудæй Фæлтау хуыздæр уыдзæн мæ мæлæт! Æмæ-иу уæд фыдæлты ’гъдауæй Мæныл куыройы фыд нывæрæнт. — 176—
>т- ÆЗ ХÆХТЫ РАЙГУЫРДТÆН Æз хæхты райгуырдтæн. Хæххон зынгдзаст цæргæсы Æууæнкджын сабыр тахт ис ме уæнгты мæнæн, Зæйон уынæргъдимæ мæ дадзинты æнхъæвзы Хæххон æхсæрдзæнты æнæсысгæ уылæн. Мæ сонт æрбафыхты, Мæ къæрцц-цæхгæр ныхасы Ис дурты схъиуды хъæр, нæ донхауæнты нæрд, Фæлæ мæ зæрдæйы, æнусон ирд налмасау, Ис айнæг цъититы сыгъдæгдзинад æвæрд. Æмæ хæххон кæсаг æрттивгæ тугдæппæлттæй Куыд тындзы их-къæйтыл цъæх суадæтты сæрмæ — Уæрæхуынг горæттæй, Æнæзмæлгæ пырх дæттæй Мæн ласы урс хæхтæм мæ хохбæстаг зæрдæ. Æз хæхты райгуырдтæн. Нæу ме сфæлдыст мæ бæстæ, Фæлæ æппынфæстаг дзуапп чи ратдзæн бæстон: Хъæуынц къæйриу хæхты — æндонбазыр цæргæстæ, Æви хъуыд цæргæсты — къæйриу хæхты бæрзонд?! — 177—
ш ИРОН КАФТ Цыма марынмæ тæрхонгонд Цыд фæстаг балцы æрвыст, Уыйау сабыр айзæлд «хонгæ», Зарæг, хъарæг-зæлтау, рызт. Фæлæ нæй рæстæг кæуынæн, Куыд хъыг сайæн у æрмæст, Цард, цæрын кæй фæнда, уымæн У фæстаг улæфтмæ хæст. Æмæ хъарæг-зард фæхъус и, Сцырын фæндыры зыр-зыр, Арвæй зæхмæ рауагъд къусы Кафæг, уарийау, ныззылд. Ссыгъди цæстыты зæрин арт, Цæнгтæ айтынг кодта: «Гъæйтт!» Цыма базырджын сæрибар Сыстад царддæттæг зæххæй. Ныфс, хъарухæссæг æххуысау Стынг и рог æмдзæгъд: «Æрц-ц! Æрц-цЬ Цыма тохы фæзæй хъуысы Ссад фæринк кæрдты къæрцц-къæрцц. —178-
'•© # КÆМ МЫСЫНЦ ДÆУ... Цæй бæрц хъуыддæгтæ ферох вæййы царды!.. Лæг уаргъбастау йæ бæллицтæ фæхæссы, Æмæ, куыд фæзæгъынц, кæм аленк кæны царвы, Кæм сагъæсты, гуырысхоты ныргъæвсы. Йæ хъуыдытæ йын тохы уæз æрцахсы, Æмæ йæ дæлзонд баззайынц æмбæхстæй Ныййарæджы хуыз, Рагфынты цъæхдзаст чызг, Йæ балцвæндаджы райдайæн цъæх фæзтæ... Фæлæ йыл искуы уады хъæр куы сниуы, Иæ къах куы скъуыры фæндæгты быцæуыл, Куы ныхситт кæны уазал дымгæ риуы, Ехх, уæд лæджы куыд æрфæнды фæцæуын Йæ зонгæ фæз, йæ гуырæн къуым, йæ хъæумæ — Кæм мысынц дæу, Кæм дæм кæсынц æнхъæлмæ! — 179—
БОНРУХСЫ ГИМН Æхсæв, рагхæлд фынау, комивазгæйæ сæфы, Боны гомцæсгом рухс ивы сусæг æхсæвы... Байрай, чи у æргом! Бонæн йе ’ргом æнгасы Рухсы ризгæ тын хъазьк Дуне сулæфыд рог... Цыма цины цау .федта — Хæхтыл калы тæмæн хур—зынгзæрдæ планетæ. Барджын, хибар æнгас, æмæ йе ’ппæт æууæлтыл У бæлвырдæй бæрæг — хур цæуылдæр æууæнды..- Нæй æнæ ’ууæнкæй ныфс. Æз æууæнддзынæн хурыл. О æнæхуысгæ рухс, æз дæ фæзындмæ кувын! Ноггуырд саби кæугæ рухсмæ дисæй фæлгæсы, Дуне, дуне, дæуæн уый дыууæ хуры ’рхæссы — Тынты-хауты æхсæн гом æрттивгæ цæстытæ! Згъоры хæдзæрттæм рухс, Адæм сурынц сæ фынтæ. Æмæ базмæлыд цард, хуртæй сæрттывтой уынгтæ: — 180—
Æрдз -цы скодта хуыздæр, уый æмбæхстæй нæ дардта Æмæ алкæмæн дæр хи дыууæ хуры радта. Лæг цæмæй уа лæгæн рæвдз кæдфæнды æххуысмæ Æмæ ’ууæнчы зынгæн царды ма уа æрхуыссæн! — 181 —
САГЪÆС ÆНÆЗОНГÆ ÆМБÆЛÆГЫЛ Æрвылрайсом, æнцойгæнæн лæдзджытыл Æрдæгбыцæугондæй, сæ кæрты дуармæ бадти Къæсхуыр, хъуыдыдзаст лæг. Мæ фæндаг уыд йæ рæзты, Æмæ йын иу цасдæр нæ лæвæрдтон салам дæр. Фæлæ куыдфæстæмæ фæцахуыр дæн чысылгай — Мæ сæрæй-иу ын акуывтон æгъдауæн, Æмæ-иу айрох и, æцæгæлон цæуджытау... Фæлæ зылд пу райсом цыдæр сагъæс мæ риуы, Куыст цыд æрвылбонау, фæлæ тыхстæн, æмæ мын Цыдæр нæ фаг кодта... Æппынфæстаг мæ зæрдыл Æрлæууыд: ацы бон йæ лæдзджытыл быцæуæй Къæсхуыр, хъуыдыдзаст лæг сæ дуармæ нæ бадти... Фæскуыст сæ рудзгуытыл сындæг мæ цæст æрхастон, Фæлæ нæ разынди. 182—
Дыккаг райсом дæр уынджы Нæ бадт æд лæдзджытæ. Æртыккаг бон дæр афтæ..- Æмæ цыдæр сагъæс ныффидар ис мæ риуы, Цыма зынаргъдæр уысм фæхицæн и мæ цардæй... Æз та йын афтæмæй нæ базыдтон йæ ном дæр... —183—
©’ ■Е> КЪАХУЫНÆР Цард цæуын у. Фæдисон у дуне. Ис фæндагыл æппæтдæр, Зилы- цалх, Зæхх æд бæлццæттæ тулы Хъуысы къахуынæр, Базырты пæр-пæр... Арв дæр байдзаг и фæдтæй, Поэты ныхасау: «Уым стъалытæ згъорынц Сызгъæрин цæфхæдтæй...» Дæрдсудзгæ æртытæ Цæрæг уды хонынц. Хъуыды бæллицтæм сиды, Хъуыды стахти ракетæты ’хситты. Лæг ныууызта гæппæввонг йæ авдæн Æмæ сфæнд кодта й’ арæнтæй афтын... Барызт уæлдæф- Сæуæхсиды худтыл Абадт атомы ’ртхутæг... Фæлæ салд митыл уæфсты хъыс-хъысы Сонт æнусы зæрдæйы змæлд хъуысы, Мысынц къæхтæ хуымон зæххы хъарм фæд, Æмæ къахдзæфгай зæрдæты тæгтæ Дзурынц уарзтыл фæдисон фæндæгтæн, Сурынц дунейæ тар фæнд. Растдæр кадæг Фæндаггон æууæнкыл: Зæлы къахуынæр Сау зæххы уæнтыл! — 184—
ФÆНДАДЖЫ ТОХ Бæлццон гуырдтæн зæрдыллæууынæн Ныффидар иу æгъдау зæххыл: Лæсынæн чи райгуырди, уымæн Йæ бон нæ бауыдзæн тæхын. Æмæ тырнынц... Кæуыл нæй >базыр, Уый базыл рабадти бæрзонд, Цыма цæугæ дунейыл азылд, Ныр та хæсдзæн фæлтæртæн зонд. Лæг домы фидар фæтк цæуынæн Æмæ йæхинымæр фæрсы: «Тæхынæн чи райгуырди, уымæн Иæ бон куыд бауыдзæн лæсын?» — 185—
ф щ ДЕНДЖЫЗЫ ХЪАЗТÆ Æз никуы федтон уыцы хъазты уасгæ,— Хызтысты цады был æрвылрайсом дæр парчы Æмæ-иу хаттæй-хатт, Пыдæр рох зæл мысæгау, Йæ къубал сивæзта сæ искæцы хъæрæввонг, Фæлæ йæ гом дзыхæй хауд цавæрдæр мынæг хъист. Æнхъæлдтон æз, зæгъгæ — тæхын сæ ферох раджы: Сæ егъау базыртæ Хæсты фæуды нысанæн Фæлурс тырысатау, хæссынц тыгъдæй сæ фæрстыл Æмæ сæ цудгæйæ фæбыцæу кæиынц зæхмæ... Фæлæ фæцæйтыдта Терк ну райсом йæ былтæй, Æрсбæрзæй гуылфæнтæ цæхгæр систæм лæбурдтой Æмæ уынæргъыдтой... Дыууæрдæм сысты хъазтæ, Фæдисмæ хъусæгау бæрзонд сæ сæртæ систой... Цыма æрыскъуыд арвы цъæх йæ мæскъыл — Ныррызти уæлдæфы хъæлæсыдзаг цьæхснаг хъæр. Сæ иу йæхи нæ баурæдта, уасгæ — 186—
Ныгхæпп-тодта-мæс-тæлръæд Терчыриумæ Æмæ хæрдырдæм, уылæнтæ лыггæнгæ, Дъæх фæндаг айгæрста... Æхситгæнгæ йæ фæстæ Æвзисттылд базыртæ сæууон уæлдæф ныууыгътой, Цъæхснаг фæдис-хъæрмæ æрдæгхъал горæт сыстад. — 187-
ФÆСТАГ ТÆРХОН Мæ цард у барст æрдзон бæрцæй, Мæ цард мæ фæндтыл н’ аххæсдзæн, Тæрк-хъысмæт мын бæлццонрæвдзæй Йæ фæстаг тæрхон рахæсдзæн. Æвзонг поэт мæ цырты раз Фыццаг æмдзæвгæ бакæсдзæн, Зæронд фыссæг йæ цыргъ ныхас Мæрдон дзырды нæ бамбæхсдзæн, Зæгъдзæн: «Йæ цард уый арвыста Поэтикон дæлджинæгыл...» Æмæ фæзындзæн сау фыстæй Мæ ном фæстаг хатт чиныгыл. — 188—
ш ■ ш> ФÆНДАДЖЫ УÆЗ (Хæдтæхæджы тæхгæйæ хъуыдытæ) Мæ фыццаг æдсаргъ бæх — Мæ тулдзхъæдын авдæн Нæ къæссæй æддæдæр Æд барæг нæ рафтыд. Мæ фыццаг æдсаргъ бæх йæ хъæдын цæфхæдтæй Нæ зæхбын хæдзары ныууагъта йæ фæдтæ. Хæрзбон уал! Фæйлаугæ йæ саунымæт базыр Мæ сонтад Цъæх бæхыл хæххон комæй разынд, Мæ сонтад — Фæндагмонц идонæфтыд барæг Ныууагъта фæсизæр йæ хохбæстаг арæн... Ныр ризы мæ быиы æдзæфхад хæдтæхæг, Уынæргъгæйæ хизы къуымбилдзагъд æртæхы. Йæ бынмæ та поезд фæлмæн мигъы тары Æфсæйнаг къуырцц-къуырццæй йæ развæд ысгары. Мах зæхмæ фæлгæсæм, Мах рагацау зонæм: Нæ хæдтæхæг стæхдзæн йæ фæндон бæрзондмæ, Æмæ уæд æрлæудзæн йæ иугæндзон гæрзыл, Æрулæфдзæн сабыр, Ныууадздзæн йæ хъæрзын. — 189—
Æрмæст та йæ зæхмæ^куы бахъæуа хизын, Уæд катайау ногæй Йæ фæрстæй нырриздзæн, Цыма йæ нæ кæны йæ хъару уырнæгау, Хи уæлдæфыл хойдзæн, бæрзонддæр тырнæгау... О цардвæндаг! Ахæм кæд дæ ды мæнæн дæр,— Кæд искуы фæуыдзæн мæ сагъæс фæлмæндæр, Кæд искуы мæ фæндтæ, мæ бæллицты сæрмæ Æрсабыр уыдзæни хæлбурцъæй мæ зæрдæ... Фæхæццæ уыдзынæн мæ фæндты бæрзондмæ? Уыдзынæн сæрыстыр мæ цардæй? Нæ зонын. Фæлæ та бæлдзынæн Уæд рагбонтæм здæхгæ,— Мæн азты зæрдæнцой æрæлвæста зæхмæ. — 190—
АДÆМ КÆРÆДЗИ УАРЗЫНЦ... Адæм кæрæдзи уарзынц. Фæлæ сæ уарзт æмбæхсын Зæрдæты бын фæразынц... Цыма нæ хæссынц сæ сæрмæ Фæлмæн худт, фæлмæн дзырд, Ие дзы тæрсынц æфсæрмæй, Уыйау кæнынц æдзæм цыд. Фæндаг нæмы хъуыддагхуыз, Иугæндзон къаххъæр... Фæлæ... Уый циу? — Æрбайхъуыст Музыкæ, зæрдæтæ къахгæ: Чырыны, саст бæлæгъау, Схойы æнгом уæхскуылæн... Æмæ сæхи бæллæхау Адæм æркуывтой уымæн. Иугæндзон къаххъæр банцад, Нал комы уарзт æмбæхоын, Фегом сæ хъыджы дзаг цад — Сæрттывта рустыл цæссыг... Фæлæ фыдæлтæй баззад: Зианæн у цин æфсымæр... Мæрддзыгой тигъæй базылд, — 191 —
Аджихау-уынЕ фæсуынæр,— Æмæ ныййазæлд фæндыр, Чындзхонтæ систой зарæг — Уарзты хъысмæт æвзарæг Цардмонц удты æмвæндыл. Цыма зæрватык цъиутæ Айхъуыстой йе змæлд мадæн — Рудзгуытæй-худынц адæм, Урс дидинджытæ — цинтæ Калынц æвзонг æмбæлттыл... Ахæм рæсугъд æмбæлдыл Цæуджытæ райынц цинæй, Амондхæссæг чъшдзимæ Худæн ныхæстæй хъазынц... Адæм кæрæдзи уарзынц, Фæлæ сæ уарзт æмбæхсын Зæрдæты бын фæразынц... —192—
•ш ДУГЪОН Ракетæты æнусы, Æз — хæхты гуырд — ныр дæр Мæ мидфынæймæ хъусын Æндон цæфхæдты хъæр. Дзæнхъа-урс сæфтæг дугъон! Лæдæрсид уæнтæй хид, Æз афтæмæй нынтъухин Дæ лæгъз рагъмæ мæхи. Дæ зæлдаг-дзала барцыл Мæ сæр кæнид хъæрмхуыст. Хъæуы мæ фæсарв балцы Мæн де ’нæхин æххуыс. Мæн раст дзырдыл хæстыты, Хъæдын цæсгæмтты раз, Хъæуы дæ цъæх цæстыты Æнæфæлывд æнгас. Æмæ зъшгдзагъд æрдузы Æрхаудтæн, зæгъгæ, ныр, Фæнды мæ, о, уæд хъусын Дæ зæрдæбын мыр-мыр! 7 Уацамонгæ — 193—
ХÆХХОН КÆСАГ Æнусон цъитийы хъæбысæй Дон, арвæй рахаугæ рæхысау, Цъæх их-цæмтæ Æмæ фынк хæсгæ, Кæм хауы арф комы хъæлæсмæ, Æдзæм цæндтæй кæм бадынц мигътæ, Уым — Ихсыд айнæджы къæй тигътыл Æмæ тызмæг уылæнты здыхсты — Дæ фæрстæ тугхъулон куы сысты, Уæд цъити-бæрзæндтыл цы сгарыс? Дæ уд цыхцырджытæм цы хъарыс? Дæ зæрдæ ног рæттæм æхсайы? Æви дæ мигъты риумæ сайы Æнцонæй цард? Æви нæ зоныс: Кæй сæфы уылæнтæн сæ хъомыс — Кæм феуæгъди дон комæй фæзы, Æмæ æнцад мæлттæй кæм лæсы, Уым ставдбыл хуыдзых Æмæ тъепа Кæй кæнынц удæндойæ лекка?.. —194—
ш © ЦАРДЫ БЫЦÆУ •Фæлмæн уддзæф цъæх зиллаггонд уылæнтæй Тылд сабыргай цæугæдоны уæлцъарыл, Кæсагахсæг ныллæг къардиуæй хъавгæ Ныппæрста малмæ уаллонконд къæдз æнгуыр Сæртæг кæсаг цæттæ лæвар æнхъæлæй Ныккомдзаг кодта уаллоны фæлмæн буар, Фæлæ æндон-рисс банкъаргæйæ дзыхы, Йæхи фыр тæссæй аппæрста фæстæмæ... Нæ баурæдта æнгуыры лыстæг бос, Фæсонтыскъуыди цардисæг риуыгъдæй, Æмæ æд æнгуыр афардæг и кæсаг... Æрдæгфынæй мал сау зилдухтæ уадзы, Цыма цы ’рцыд, уый бамбарынмæ хъавы... «Уæууæй»,— нæты кæсагахсæг, уынæргъы, Мæстæй фыцы лыстæг æнгуырыбосмæ... Сæртæг кæсаг хъуынайы бын ныббырыд, Æмæ хъæрзы æндон æнгуыры риссæй. Уый нал баууæнддзæн уаллоны мæнг буарыл: О, уыцы уаллон, уый уыди фыдбылыз!.. Фæлæ ,цымæ, цы хъуыды кодта уаллон — Кæсагахсæг æй æнгуырыл куы сагъта? Кæнæ æгасæй ленкгæнгæйæ доны Куы бахаудтаид кæсаджы дæндæгтæм, Цымæ йæм уæд куыд фæкастаид уый та?.. — 195—
МОЛАДЗАН-ХОХ Йæ сау къæдзæхфæдджи пæлæзе, Цыма йыл бахæцыд мæрдрох, Æхсæвтар хъахъхъæнæгау хох Æлхынцъæрфыгæй дард фæлгæсы. Йæ былтыл — иунæг дзырд: «Ныууадз уал...» Цин, монпæй — цæстытæ æмбæхст... Хуыцау! Кæд искуы уыд моладзан, Уæд уый у — ацы хох æрмæст! — 196—
РОМАНТИКОН ÆМДЗÆВГÆ Æз мæхи дæ хъарм æрттыл, Ир, цъындæй нæ мысын. Мæн ныййардта арвæрттывд Цъитийы хъæбысы. Урс æврæгъты базы бын Хурмæ судзгæ ’ртахæй Донхауæны базырыл Дунемæ фæтахтæн. Æз фæдадтон уады риу, Мемæ сты æмкарæн Мастисæг уагъд фаты ниуд, Саст æрдыны хъарæг. Æмæ басыгъд тарсты зын, Тугдадзинты баззад: Ме сфæлдисæг — уарзты зынг, Дард сагъæсы азæлд. — 197—
ХЪЗЕРИУЫ ХОХЫ РÆБЫН Ме ’мбæлццон Хъодзаты Æхсарæн Зымты уаст — сусæг катайау, Хæхтæ — бæрзонд, сæрыстыр.1 Къултыл чырынтæ куатæйы Апырх хъæугай Ирыстон. Мигъ-цæргæс урссис базыртæй Схæцыд сындæг Хъæриуыл... Рæгътæ мæ бынмæ— каузмлдæй, Иунæг бæллиц — мæ риуы: Бавæр, ныуулæф зарæджы Иры сæрвæлтау зæрдæ! Къуылдымтыл, комы нарæджы Судзгæ фæтæх зынг зæлтæй! — 198—
’^ СÆГУЫТ Сæумæрайсом. Карцагомы уæлхох чыллл æрдуз. Æнæнхъæлæджы мæ размæ фев- зæрд рæхснæгсыкъа цæу-сæгуыт. Æз æнцад ныхъхъус дæн, куы нæ фæтæрсид, зæгъгæ. Сæгуыт мæ ауыдта. Иæ къах зæх- хыл æрхоста, цалдæр санчъехы мæм æрба- кодта. Мæ цæстытæм мын æдзынæг нык- касти. Чысыл æддæдæр азгъордта æмæ та æрлæууыди. Æз нæ фезмæлыдтæн. Уый мæм бирæ фæкаст, стæй гуырысхогæнгæ, фæаууон къудзиты фæстæ. Æртæхдзагъдæй дæ хуры тын ныййардта? Æрбатыхта дæ æрдузы тъæпæн? Æви æдзæттæ цуаноны мæтæн Дæу боныскастыл оырдты бардуаг радта? Хæрог фæрвы æрдæгæууылд æвзарыл Хæцгæйæ баззадтæ. Æз бандзыг дæн куыддæр. Сæууон æрдзы æммадæлон гуырдтæ — Кæрæдзийы зæрдæууæнкæй æвзарæм. Дæ цæстытæ — дыууæ райдзаст сæубоны Мæ цæстыты дыууæхстонмæ кæсынц. «Æууæндон æви нæ?» Æгуыппæгæй фæрсынц, Æмæ ныгъуылынц ме ’рфгуыты æндоны. —199—
«Æууæндон æви нæ!..» Æз арф æууæнк æхсыстон... Фæлæ тæрсын... Нæ мæм фæци гæрзтæ, Æмæ хъуызынц кæрæдзийы фæстæ Мæ зæрдæйы Фæсмон æмæ æхсызгон.
® ’Ш ИС АХÆМ ЛÆГ ХÆХТЫ... Мæсыгтигъ хæххон хъæу, Уыгæрдæн-фæз рæгътыл — Кæцыфæнды ран дæр ис ахæм лæг хæхты: Æрмæстдæр ын радзур — кæмæй дæ, кæцон дæ, Æмæ дын фыр цинæй æрхæцдзæн дæ цонгыл: «Нæхи лæппу куы дæ! Цæуæм-ма нæхимæ!» - Дæ фыдимæ Кæнæ дæ фыды фыдимæ Уый царди хæларæй, Йе разынд дæ хæстæг. Æмæ дын нæ кæны æфсоны ныхæстæ,— Къæссы фарнæн баззад ирон хъæуы уазæг. Фыдæлтон сыкъайы дын рахæсдзæн нуазæн, Æрæвæрдзæн хойраг зырнæйзылд тæбæгъты... Ис ахæм æмбæлæг, Ис ахæм лæг хæхты: Фæдзурдзæн дын номгай æнæсгæрст къуыбыртæ, Æрисдзæн дын мæсгуыты тулдзын гуыдыртæ, Фæкæндзæн дын таурæгъ æнæном лæгæтыл, Æнаххос уды маст, Хъайтары мæлæтыл... Ис ахæм æмбæлæг... Цæудзынæн мæ къæхтыл Ныфсджынæй — цы бонмæ Уа ахæм лæг хæхты! —201 —
ЦЫХТАХСÆГ Урс сæрбæттæн æрбазылд Сау æрфыджы къæлæтыл, Хуръг хæрдгæ тын хъазы Цæстыхауты кæрæттыл. Къусы былтæй æнхъæвзы Æнгуылдзты сæрты сылы. Урс къухты змæлд æмбæхсы Урс гуымбылы сыр-сыры. Чызджы цæсгомыл бандзыг Хъуыды — бæллиц нывæндæг, Цыма тæлфгæ уд уадзы Урс дзæнхъайы нывгæнæг. —202—
Ш ■ =-щ ХЪУЫЛÆДЖЫ У]ЫНÆРМÆ ХЪУСГÆЙÆ Цæй тыххæй у цæгъдгæ хъуылæджы таурæгъ? Фыццаг сагъæс, фыццаг амонд æвзарæг Хъуымбылдзыкку хъуылæгцæгъдæджы зарæг Кæй ном мыоы зæрдæбын зæлтæй арæх? Цæуыл хъырны уынгæг хъæлæсæй бæрдын? Хæххон хъамбулзæнг хъомхизæджы уарзтыл? Æууæнкæй тынд цъæх дидинæджы мастыл? Цæуыл ризы æвзистдзæссыг уыгæрдæн? —203—
РАЙГУЫРÆН КЪÆСÆРЫЛ Ризы поезд... Цæй, тагъддæр, цæй, тагъддæр! Тагъддæр тары фæлмæны ныхс! Къулгæрæтты сæнтсау æфсæн цалхвæд Зæххæй агуры ныфс... О бæлццон сидт! Мæ къух дыл нæ систон, Упдз бынуарз лæг мæ фыдкой кæна Æмæ дзура фыдæлты æмбисонд: «Тулгæ дурыл нæ хæцы хъуына...» Фæлæ атахт сæртæг зынг мæ сæрты Æхсæвы буар цæрдхуынкъгæнгæ, дард, Æмæ ’рлæууыд мæ зæрдыл Зестын пецы тæрс-каухалæн арт... Мад—хъæбул цух... Æрдæгсыгъд æхсидав Кæд цæхæры ыслæууыд уырдыг, Æмæ дзурыс: «Цæудзæнис нæм чидæр... О мæ хуры фæрдыг!» —204—
«Къæсæры Уастырджи! Дæ рынтæ!.. Лæджы куывд истæмæ кæд дарыс, Уæд ацы рæзгæ уд дæ бынты Фæуæд мæ хæдзарæй фæндараст! Цæмæй дзы йе ’мбæлттæ хъæубæстæм Хъæбулы арфæтимæ здæхой Æмæ былысчъилæй мæ фæстæ «Сæгъæй сæныкк гуыры» нæ зæгъой!» Куывта сæрддон мæйрухс изæры Мæ фыд кæддæр мæ фæдыл афтæ. Æмæ нæ ныллæгцар къæсæрыл Къæмдзæстыгау ныр хизын, хъавгæ... Кæсы мæм, ног цыма кæддæрау, Мæ фыд фæсахсæвæр нæ хуысоы, Æмæ, рæвдауæджы æфхæрдау, Мæнмæ йæ уæззау ныхас хъуысы: «Æгас куы нал вæййы ныййарæг, Уæд ын æрæмбарут йæ зынтæ, Уæд ма уæм рог фæсмон æрхъары... Фæлæ æгайтыма фæзындтæ!..» —205—
© ■®- ÆНÆХУЫССÆГ ÆХСÆВ Ихоыд дуртыл мынæг къуырцц-къуырцц хъуысы,. Тары, хъусæгау, бандзыг и цар... Уый мæм хуыссæджы фæлмы æрхъуызы Кæд мæ рагбонты цард. Уæлæ уисын цъæх бæхыл æртæхы Хурсыгъд саби, йæ хæдон — бæгъгъæтт, Ногдзыд нæууыл æвзистдзагъд æртæхы Зайы гом къæхты фæд... Соыгъд та зæрдæйы азтæй æмбæхст ныв: Сау цæстыты æнæмæт тæмæн. Æмæ ’рфæндыд, æрæджиау фæдзæхстау, Уымæ базгъорын мæн: «О, фæлæуу-ма, циу къухы мæнгæвзыст,— Уисын бæх дын дæргъбарц æфсургъ нæу, Ды, мæн куыд фæнды, афтæ нæ рæзыс, Хурсыгъд саби, фæлæуу!..» — 206—
ХЪÆУУОН РАЙСОМ Дзыгуырæй сыхæгты зæрæдтæ Дыкъухыг сагæйтты æнцой Кæпынц сæ рагбонты ныхæстæ Æмæ сæ кусинæгты кой. Сæ цардвæд тад æвзист æртæхæй Сæ фæйлыд зачъетыл æрбадт, Цъæхдзаст хъæууон райсом фæтæхы Сæ хъæууон сагъæстимæ дард... Цæуын... Сæ цин æмæ сæ тыхстæй Уыдтæн æз цасдæр рæстæг цух, Æмæ мын хъазæгау зæгъдзысты: «Кæс-ма, куыд фæлмæн у йæ къух...» —ш—
АЛÆМÆТ-ДИССÆГТÆ — Кæм и, кæ, горæтаг бæлццон? — Фæдзырдта сыхæгты зæропд лæг,— Фæкæс хæдзаргæнæгмæ, цом, Æгуыстæй аирвæзтæ знон дæр. «Зæронд цæмæн бæззы, зæронд...» — Йæхиимæ сындæггай дзуры, Æмæ йæ гутонцалх уæрдон Æруагъта хъистгæнгæ нæ цуры. — Æгас цу! — рауадтæн æм æз, Æмæ чысыл лæгуæрдон тулæм... — Цæуы мæ хæдзары къæс-къæс, Иæ фæйнæг бамбыдтæ и къулæн, Æмæ сæрды дæргъы тыхæй Самандур ног къултæн фæкодтон, Фæлæ мæм ласыны тых нæй... Иæ бон ма цас вæййы зæрондæн!.. Æрбазынд мигъы бынæй хур, Æмæ æртавта зæхх уæлвонгæй... — Цæй, исты хабæрттæ мын дзур, Мæскуыйы та цы хъуысы ногæй? Ныр, дам, æцæг ыстахти лæг, Мæнæ, ц1ы хуыйнынц?.. — Космонавттæ. —208—
— Æмæ æцæг у уый, æцæг? — Æцæг у афтæ. — Ей-и,— ныуулæфыд сындæг, Æруагъта уæрдоны рæтæнагъд.— Зæххыл цы нæ фехъусдзæн лæг, Хуыцауæн басгæрстой йæ гæнах! «Алæмæт-диссæгтæ уыдзæн,— Дзырдта мын рагон хистæр раджы,— Лæг арвæй мигъгы ’хсæн цæудзæн... Ей-и, цæй дардмæ уынаг разынд!..» Нæ уæрдон дурты ’хсæн ныхсти, Хъысхъысгæнгæ йæ тардтам хуыртыл, Æмæ-иу зæронд лæг — «Ей-и!» — Зæгъгæ, ныддис кодта цæуылдæр... —209—
МÆ РАГБОНТЫ ХÆЛАРМÆ Ам хырхбазыр цæргæс мигъы Зилы хъæуысæр ныр дæр, Ам кæддæрау хъуысы тигъæй Гомсæр сабиты цъæлхъæр. Рог сæхи цæргæстау фехоынц, Рыджы адугъ кæнынц цырд... Фæлæ раиртæстон — се ’хсæн Иу нæ фаг кæны бæлвырд,— Ам æз семæ зæхх нæ нæмын... Сывæллæттæй байдзаг фæз, Фæлæ фиппайын — æнæмæнг, Ам æнæмæнг хъуыдтæн æз... Мæйрухс хохрæбын æрхуыссы, Цыма рох артдзæст фæсарт, Донбыл цъæх обауæй хъуысы Фæсивæды зард. Æмæ кæд нæ дæн хъырнынæн, Гъе уæддæр æууæидын æз, Гъе уæддæр хъæуы — уырны мæ — Уым мæ дæрзæгбын хъæлæс... Фæлæ авæййын æдзæмау, Цыма сайдæмбылд фæдæн: Ам, цъæх æфсирæн кæрддзæмау, Ды нæ фаг кæныс мæнæн... —210—
Нæртон удыхъæд УЫРЫЗМÆГ (Ирон æгъдау) Рæвдздæр, рарæвдз кæн, Сатана! Æз цæуын фæстаг ыстæры. Ехх... мæ зæронды заман ма Бахъуыдтæн нæртон кæстæры!.. — Нарты разагъды Уырызмæг! Нарт дæу куы ’взарынц тæрхонæн, Уæд ныр цавæрдæр хъуымыздзых Дæу æмхæтæгæн куыд хоны?! — Ма тæрс фегадæй мæ сæрæн, Рæвдздæр, мауал кæс æрхуымæй,— Аргъ куы нæ кæнай кæстæрæн, Уæд æгъдау домæн нæй уымæй! -211-
АЦÆМÆЗ — Нарт! Æгъгъæд нымайут джихæй,— Кæд æнæ уаргæ нæ уадзынц, Уæд мæ хистæрты бындихæй Мæн хъæуы æрмæстдæр уадындз! Гъей, нæртон къуыпных фæсивæд! Ахсут хъазты фæзæн Сау рындз,— Æз быныуæрстæй уæ симдæн Райстон бурæгъæдæй уадындз! Гъей, уæлхох цæрæг Агуындæ! Нарт кæд не ’рвæссой мæгуыртыл, Уæд æрхондзынæн нæ куывдмæ Æз сыгъдæгзæрдæ сæгуытты. Уалæ сау хохы бæрзонд рындз Махæн рог уддзæф æрвитдзæн,— Уыдон фаг аргъ кæнын зонынц Зæрдæйы бæллицтæн! —212—
#' •ш УАЦАМОНГÆ .Мæлгъæвзæгтæ, хъуыддагхуыз кадвæлгъаутæ, Хæлæф кæнут — дзырды бар уæм æрхаудта! Æмæ цы сты нæртон цытджын лæгты раз Сымах разæй Ацæмæз йе Батырадз .Уæ дзыхты руаджы Нарты стыр Ныхасы? Фæлæ цы ’рцыд,— 1Лы уæ ныууыгъта тасы? Уый тæрхоны Сатанайы урс цонгæй Æрхызти фынгмæ нарты Уацамонгæ. Нæ бацæудзæн уый къулбылæй уæ размæ,- Уый фезмæлдзæн æрмæст æцæг Ныхасмæ. Уый хъусы дардмæ зонды хъæр, ныфсы хъæр, Æмæ йæ сисдзæн зондджындæр, ныфсджындæр! —213—
Ш’ -ф, Хæхбæсты фарн СÆУУОН АЗÆЛД Ныццавди цирхъ Æхсаргарды æндоныл — Ныййазæлыд сæууон булæмæргъ комы, Æмбæхсы тар йæ фæдджийы пырхæнтæ, Æмæ хуынæн нæуæг райгуыргæ бонæн Æрхæссынц хуры с’ айнæг цæнгтыл хæхтæ. «Гъе-гъей, гъе-гъей-й!» — Хи хойы. къæйтыл азæлд, Цыма тындзы фæдисхъæргæнгæ барæг. «Гъе-гъей-й!» — Уый у цъæхбазыр рухсы базард? Æви фынхæлд æхсæвы хъарæг? «Гъе-гъей!» — Хъæр фегуырд араугæ мæ цуры, Цым:а цæф маргъ цæгъды йæ систæ фæхстыл. «Гъе-гъей, гъе-гъей!..» — Æгомыг царды фæстæ Кæд къæдзæхты æрфæндыди фæдзурын?! —214 —
В’ ш ДЗУРЫ ÆРДÆГКАЛД МÆСЫГ Нынкъуысæд зæхх — Æз калдсæрæй лæудзынæн Æвдисæндар ныгæд маст æмæ цинæн, Оымахæн æз рæстаг цæджындз уыдзынæн, Хæхбæсты фарн — Æфсарм æмæ лæгдзинад! Æз федтон тох. Æз тохæн конд æрцыдтæн. Мæ быны цард уыд тох æмæ фæдисон. !>æлæ нæ уыд лæджыхъæдæн æвдисæн Æрмæст æлвæст кард, топхосдон бæрцы тæвд... Уый раджы уыд, Фæлæ ныр дæр æндзæвы Мæ хæлд хъустыл — куыд æхситт кæны цæвæг Мæ бынмæ арф, нæузад æмдзæхгæр къулыл,- Уынын ныр дæр: æндон къæдзæхмæ бастæй Хæххон хосдзау фæсалгæрдæг ныккарста Æмæ йæ халгай къуымрæбынмæ тулы... Уынын ныр дæр: Мæ сæрмæ хурсыгъд рагъыл Хæххон лæппу хъæбæрхоры хуымгондæн Хъæдын мæцъисæй къæйдуртæ фæлдахы. Хæххон чызг ссæуы айнæгыл æд гогон... —215—
Уынын ныр дæр: Мæ кæрты, зилгæ хъазты Хæххон барæг йæ саулохыл æрхъазыд: Тæхгæ-тæхын йæ бæхы бын фæныгъуылд, Æмæ цыма чысыл цæстыфæныкъуылд Йæ бынмæ фестад уæлдæфæй нывæрзæн: Йæ къухы февзæрд зæхмæ ’ппæрст кæлмæрзæн, Æмæ цæргæсау хъазты фæзыл азылд... О, мысын æз: Кæцæйдæр салд хæррæгъты Кæддæр æрбафтыд сурæггаг лæг хæхтæм. Æмæ йыл хъæу йæ хъæбулау æрынгом, Æхсæны йын цæрæнбынат æрцахстой, Хæдзар ын сарæзтой. Фæкодтой йæ цæрынхъом, Хъæу-ирæдæй йын бинойнаг æрхастой... О хохаг лæг! Мæ уæхсчыты цыргъ къæйтæй Дæ къухты туг цæхджын-таппузтæй хъары, Дæ уаргъ нындзыг и сау хæхты æккæйттыл, Дæ тыхулæфт мæ дур-риуы æнкъарын. Фæлæ нæй иу тигъ, иу къуылдым ыссарæн, Кæм нæй йæ кой дæ удуæлдай æфсармæн. —216—
ш- *2^ ДЗУРЫ СÆРСÆФÆН КОМ Уый федтон æз: Уынгæг фæдыл мæ сæрмæ Хæрхæмбæлд тугисæг йæ туджджынимæ фесты. Иæ бæх фæзылдта туджджын лæг æфсæрмæй Æмæ йæхи мæ къæйрæбынмæ фехста. Цæргæсау коммæ ратахт бæх æд барæг... Æз адæргæй нынкъуысыдтæн: «Мæ бо-оньныл!..» Фæлæ дæ уарзон ахæм гуырд ныййарæд! — Æрвон барæгау багæпп кодта доны!.. Æруагъта саргъыл тугисæг йæ гæрзтæ. «Мæ туг дын — барст! — ныхъхъæр кодта йæ фæдыл,— Зылдтæн æз афæдз марынмæ дæ фæстæ, Фыццаг хатт сиу нæ къахвæндаг. Фæлæ дын Ныр дзырд дæттын: Кæм дæм разынди уыйас Ныфс æмæ ’фсарм, уым ис мæныл хæоы фарн, Æмæ цæуæм, æгас хæххон хъæуы раз Зæгъын дæуæн Æфсымæр!» —237—
ш- ш ДЗУРЫ ФЫДÆЛТЫ МÆСЫГЫЛ УАГЪД КЪУХВÆД Цымытийы иу мæсыджы къулыл баззад егъау къухвæд — æвæццæгæн} мæсыгамай- æджы къухæвæрд. Æз къухвæд дæн æрмæст. Фæлæ нæ дæн æнæуд. Мæ армы хæххытæ сты царды таурæгъ дзурæг. Мæн никуы бадаргъ чынд фæндаггон лæгмæ курæг, Мæныл æфсæнбыдæй хъадамантæ нæ лæууыд. Фæлгæсыс дисгæнгæ мæ дуры уагъд æнгуылдзыл... О, ацы къæйтæ сты уæнгдыхæй ист мæ армыл. ^Ез хъуамæ кодтаин ныв-галуантæ. Ныббар мын.~ Фæлæ хъуыдис мæн тох æлвæст кардæй дæ гуырдзыл. —218—
ЦЫРТ ÆМÆ БАРÆГ Б а р æ г:- Дур æркалдзæн йæ цæссыг — Ам цы бæллæх æрцыд: Къæйыл бафæлдæхт мæеыг, Фæлæ не ’рхуыссыд цырт. Рацыд мин азы хъуамæ... Ам кæй балц-дугъ æруад... Мæнæ цыртыл къахт хъама Хъисгай бахоыдта уад. Ц ы р т: Гъей, уæлбæхæй æрхизæг! Мæрдты ма ’рымыс ам: Æз дæн царды æвдисæн Æмæ царды нысан. Æз дæн дурын нывæрзæн, Æмæ хъахъхъæн1ын ном. Чи уыд, нæу уый зын фæрсæн: Лæг! Сыгъдæгуд, æргом. Хин нæ хаста йæ сæрмæ, Къулбæрзæйæ нæ цыд. Дар, фæндаггон, дæ зæрдыл — Ам цы хъуыддаг æрцыд: «Лæг нæу фыд æмæ цармæй,— Ам ныхъхъæр кодта лæг,— Кæд нæ фæтарстæ цардæй, Уæд тæссаг нæу мæлæт!> —219—
® г ДЗУРЫ ХÆХХОН ФÆНДАГ — Æз дæн фæндаг. Фæнда дæ йе нæ фæнда — Хæсс де рагъыл бæлццæтты уаргъ. Æвдисæн У хабæрттæн цæрæнбонты. Æууæндаг, Рæстаг æмæ фæлывд лæгæн æмриссæн, Æмуырдгуытæм, æмхæрдтæм хонæг у, Æсæрст сæмæнтæй царды хъыгыл ку, Æмдзæгъд кæн циныл къæйтыл хост цæфхæдтæй,. Фæндырдзагъды æвзарджыты дæсныдæр Куы бакæсид мæ риуыл фыст къæхтыхъæр, Уæд æй, йæ цæссыг асæрфгæйæ, схонид Бæлццон дунейы цардæгас симфони. Æз дæн фæндаг, хæххон фæндаг. Æд дуртæ Мæн сау къæдзæхтæй ахизын фæнды: Æвæд хъæдтæ, тыгъд быдырты уæнтыл, Зæххы къорийы денджызтæ ’мæ фурдтыл Рæстаг дзыллæ кæрæдзимæ куыд хонон. Æрмæст кæронмæ фæндæгты тæрхоны Куыд уон нымад хæххоныл.
© ÆРДÆГФЫСТ ЧИНЫГ «УАЦАМОНГÆ»-ЙÆ
т- ш «тУХа ^лгЪ счгЬ Ис бирæ, иынг бирæ бынуагъд хсгзнатæ цардамондæн, Цæмæй æнусæн ма рох кæна йе стыр фарн æнус. Фæлæ дзы равзæрстон æз иунæг хæзна — уацамонгæ,— Нæ фыдæлты рæстадæвзарæн уацамонгæ-къус. Зын у мæ хæс, Фæлæ сæркъулæй агуырд номы бæсты Сыгъдæгуд царды азарæй мæ номыл сбадæд сæг. Куыдфæнды уæд, фæлæ мæ зарæджы нывгонд ныхæстæ Уыдзысты уацамонгæ— раст тæрхон хæссæг. Æнхъиз, о ме ’рвон ронг! Æмæ цæстмæхъус кады аууон Мæнгдзурæг лæджы ’фсæст былтыл ды ма ныууадз дæ фæд. Фæхæсс дæ нæртон фарн, æлхæнгæ удтыл макуы баууæнд Уæд ныфс — дæ аходæг, рæстдзинад уæд — дæ фæтк’ —222—
г? ЗАРÆГ ФÆДИСОН ÆНУСЫЛ Зарынц бæлццæттæ фæндаджы даргъыл, Зарынц фæндæгтæ рæстæджы уаргъыл. Зæхх йæ хох-къухтæ ивазы арвмæ, Рахауд стъалы цъæх денджызы арфмæ. Ирд бæгъæввад æртæхтæ Зарынд урсриу æврæгътыл. Зарынц уадсаст бæлæстæ Систыгъд бархи цæргæстыл. Змæлы дуне фæндаггоны змæлдæй, Ризы дуне тырнæг зарды зæлтæй. Зарынц фæндæгтæ рæстæджы уаргъыл, Зарынц бæлццæттæ фæндаджы даргъыл. Мысы рох зынтæ амонд, Згъоры фидæнмæ абон. Дæттæ фурдтыл æмбæлынц, Алчи сгары йæ бæллиц... Алчи рæстæг йæхи барстæй бары: 1м йæ зæрдæ зæххы фарныл хъары, Чи зæххон уарзтæн скарста фыдвæндтæ Æмæ зæрдæтæм кардæй нывнæлдта. Чи кæйдæр мастыл риссы, Чи кæйдæр амонд исы... ^Дæгæй ратоны баст тых, Судзы, сгуыппæввонг карз тох,— —223—
Тох — хæрам æмæ уарзты æндзæвдæй. Зæхх рæмыгъдæввонг ризы æргъæвдæй, Зонд ын хъахъхъæнæг баззад. Къæрцхъусæй Хъусы дуне фæдисон æнусмæ. —224—
Гг ш РИТОРИКОН ÆМДЗÆВГÆ Ныхасуарз адæм хъусдзысты лæмбынæг, Дзырддзыд поэт намаз кæсæгау зардзæн,, Йæ къухтылдæй, егъау залы рæбынмæ, Кæпдæр «рæсугъд цъæх чызджы» пом ыссардзæн. Æмæ йæ кадæн иумæйаг æмдзæгъды Ныгъуылгæйæ мæ цæстытæй æдзынæг Æз бакæсдзынæн пог къухфыст æмдзæвгæ, Мæ судзаггаг нымд хъуыдытæ зæгъдзыиæн. Зæгъдзынæн æз хуымæтæджы ныхæстæ — Æрвыл сахат нæ зæрдæтæй кæй хъусæм, Фæлæ кæй дарæм давæгау æмбæхстæй, Кæй фæкæнæм нæхи удтæп дæр сусæг... Нæ райхъуысдзæни къухæмдзæгъд мæ кадæн, Æнæ дзургæ, сых йе ’мзæрдæ сыхимæ, Цæудзысты сабыргай, æфсæрмыгæнгæ, адæм, Ыздæхдзæн алчидæр хъуыдыгæнгæ сæхимæ... Уацамоггэе —225—
&' БАЛЛАДÆ Цыд салдат йæ райгуырæн хъæубæстæм, Цыд хæстон лæг тугкалæн фыдхæстæй, Хъæугæрон дыууæ фæндаджы астæу — Дурын, хъыг, зæрдылдарыны мастау — Цырт лæууыд... «Кæй цардхъуаг уд фæхаста, Сау мæлæт?.. Кæй рухс фæндтæ æрцахста, Цымæ, кæй, йæ цардвæндаджы балцы?..» Цыд салдат... Æгомыг цыртмæ бацыд, Фæлæ циу? — цæй тыххæй фæци сагъдау? — Æви фаг хъыгдзинæдтыл нæ сахуыр?.. Цыртæй йæм — цыма фæджих фæсулæфт—. Зулмæ каст къæмдзæстыгæй йæ сурæт... Каст салдат... йæ цæстытæ æрсæрфта... Лыгъд, фынау, æнæууæнкаг æхсæвтар, Зылд сындæг хæххон цæргæс йæ сæрмæ... Ныр, æрмæст ныр æрлæууыд йæ зæрдыл — Уын кæддæр кæй æрныгæдта хъарм зæхх, Уый æцæг мæрдтыбæстæй кæй раздæхт... —226—
РАЗНЫХАС «НÆРТОН ЦИКЛ»-МÆ Рох дæ байдыдта кæд де ’взаг Скъуыдцъар чингуыты æхсæн, Кæд дæ фæндты хуымгæнд не ’рзад, Æмæ бафæ(ллад дæ сæр, Уæд фæзып дæ хъæумæ дардæй, Бабад зест пецы уæлхъус, Æмæ каухалæнтæй артмæ Рагон таурæгътæм фæхъус. Уыдон чингуыты фæфыстой, Фæлæ ма сфæлмæц уæддæр — Ам дæм æрдзы цур сæ хъысмæт Ныр фæкæсдзæнп æндæр.
НÆРТОН СИДТ Ныууагътой фæзы фæсивæд сæ хъазын, Æмæ сæ урссæр хистæртæм ныхъхъуыстой: Фæдзырдтой Нарт сæ иумæйаг ныхасы, Æмæ Хуыцаумæ минæвар æрвыстой: «Хуыцау! Дæуæн мах худайстæй фæкуывтам, Нывонд дын кодтам не ’рвылбоны хидæй, Фæлæ нын ды нæ кодтай аргъ нæ куывдæн, Ды ма нæм суанг нæ равдыстай дæхи дæр. Фæнды пæ зоиын: ды цы дæ, йе чи дæ, Зæххон цæрæг йæ хъуыдыты хæдбар у, Æмæ’дæм ныр мæлæтдзаг тохмæ сидæм, Кæд уа стыр дæ, уæд равдис уым дæ хъару!» Æмæ сæм уъш сæ тохмæ сидты уацæн Куы ’рæрвыста: «Куыд уыдзæни уæ кæрон, Куы хæцæм, уæд — фыдвæд ма уæ ныууадзон, Æви-иу уæ бынтон æвæд фæкæнон?» Уæд загътой Нарт: «Кæд сæфгæ кæыæм иугæр, Нæртон фæлтæр кæд нал цæудзæни стæры, Уæд пæ фыдтохæй ма рацæуæд иу дæр, Фыдвæдæй уæд бынтон æвæд хуыздæр у!» —228—
№ Ш УÆГЪДИБАР СОНЕТ Уæлхохрæбын цъæхнæууæвзæрд уæлвæзы Дæйы лæппын сычъи йæ къæрцхъус мады дзидзи, Тæмæнкалгæ, нæзыæрфыг цъæх цъити Дзæбидыры цæстау къæйбын коммæ фæлгæсы. Тызмæг хæхтæ фæлладуадзæг бæлццонау Сæ цыргъ уæхсчытæ сбыцæу кодтой арвмæ. Мæнмæ кæсы, цыма къæдзæхцæджыпдз æрдзон нау Фæтьшдзы сабыргай æмбæхст æнусты арфмæ. Фæлæ мæ хæд бынмæ цъæхуылæн малы ссары Сызгъæринбуар кæсаг — сырх мæнæргъымæ ’вналы.. О Иры хæхты номхæссæн фæрныг æрдз! Æз дæу æрмæст чындздзон чызгимæ сбарин, Фæлæ ды ’нусон дæ,— нæ бакомдзæни халын Дæ сыгъдæгдзинад хъахъхъæнæг хæлынкæрц! —229—
ш ш ЦАРДЫ РÆСТÆГ Знон аивгъуыдта, Сомбон та не ’рцыд. Франциско де Кеведо Знон уыд — абон, Райсом та — иннæбон, Ныртæккæ та — дыууæ цалхы лæгъз сæмæн. Æмæ дын кæд нывгонд æрцыди амонд, Уæд ахæм рад уыдзæн дæ бон æмæ æхсæвæн: Знон уыдзæн — абон, Райсом та — ипнæбон, Ныртæккæ та — дыууæ цалхы лæгъз сæмæн. Фæлæ рæвдз лæуу! — мыййаг, æвæд гуыргъахъхъы Ныртæккæ — сæмæн — къудзийыл фæфидар, Лæдзæгтылдæп дæ бон нæу галтыл рахъæр,— Уæд айсæфт де знон, адзæгъæл дæ фидæн. Æмæ дыууæ цалхы — дæ сомбон æмæ де знон — Кæпыпц уæгъд мидцоппай, æрдæгыл банцад сс згъорд... -230—
©■ ТАУРÆГЪ Уый уыд, фæзæгъынц, æцæг, фæлæ уæвгæ Таурæгътæй иу дæр æрæмысгæ нæу, Таурæгътæ ’ппæтдæр æцæг сты. Хъомгæс йæ хъомты рæгъауимæ Рацæйцыд уынгты, æмæ йæм Рахызти иу ус хуынимæ. Уæд ма-иу Хъæубæсты хъомгæсæн хастой хуъштæ. — Стыр бузныг! — Арфæ йын ракодта хъомгæс,— Æз æнæ уыцы хуын дæр фæкуыстаин, Фæлæ бузныг — уый дзурæг у де ’фсармыл, Чи цы кæны — кæпы уый йæхицæн. Ма фесæфæнт дæ кад æмæ де ’гъдау! — Чи цы кæны — кæны уый йæхицæн. О нæ ирон фæлитой ныхæстæ! — Кодта сыхаг ус хин худт сæ кæрты. Цавæр маст ын ныццавта йæ зæрдæ, Уый пæхæдæг дæр не ’мбæрста. Ахæм адæм ис фенæн арæх, Марг сæ бауадзы искæмæй раппæлд. — Фендзыстæм, уæдæ,— загъта,— кæддæра Чи цы кæны — кæуыл цæуы уый фыд! Æмæ бонрæфты дзаджджын хуынимæ, Цæрджытæ йæ куыннæ феной, афтæ Рараст хъомгæсмæ, ривæдгæнæнмæ... Хъомгæс ракодта арфæтæ усæн. «Схицæн кодтон ныртæккæ мæ снхор,— —231 —
Бакувдзынæи-дæ хуынæй фæстæдæр»,— Ракуырдта дзы хатыр. Æмæ ус дæр Хъæугæрæтты йæ хæдзармæ сфардæг... Хъом сæ ривæд нæма фесты, афтæ Барæг февзæрд кæцæйдæр. — О, байрай! — Уый нæхи куы дæ, арфæйаг бацæр! — Хъомгæс базыдта барæджы. — Рахиз, Нозт, хæрд — фысым, еблуагъæ. Дæ мад мын Диссаджы хуын æрхаста æмæ йæ Иумæ акувæм. Ауадз дæ фæллад! Барæг рахызт... Хуьшауæгас загътой, Афгæ хъомтæй иу хъæумæ фæцæйлыгъд, Æмæ хъомгæс фæгæпп кодта: — Ахæр, Æз фæзилон æнæрайы стуры. йе ’рбаздæхтмæ, кæсы, æмæ уазæг Ахауд нæууыл тымбылæй дæлгоммæ Æмæ бацъынд. — Цæй тагъд уыди, ахæр! Бахатыр кæн, ныууагътон дæ иунæг... Фæлæ не змæлы уазæг. Ныхъхъус и. Уазал былтыл мæрдон удхар бандзыг... — Гъеп, мæ хæдзар!..— Ныхъхъæр кодта хъомгæс Æмæ фезгъордта хъæумæ фæдисы Хъæуæй адæмы разæй хъæргæнгæ: — Уæ мæ хæдзар куыд байхæлд!.. Мæ хъæбул! —232—
^в Барвыстон дæ мæхи къухæй мæрдтæм!..— Згъордта хъомгæсы хуындзау. — Мæ хæдзар!.. О мæ хъæбул!..— Иæ уæрджытæ хоста... —233-
ЗАРÆГ ХОРЗ ÆМÆ ФЫДРАКОНДЫЛ Зæххыл цыфæнды стыр фыдраконд дæр Рæстырдæм агуры æвдисæн. Иу райсы бардзырд, иннæ рагондæр Фыдæлтæй баззайгæ æмбисонд... Æмæ туг бандзыг вæййы,— уазалæй, Цыфæнды къус сисæгау цадæй — «Хорз ма ракæн æмæ фыд ма ссарай!..» — Куы скæнынц фидар хатдзæг цардæй! —234—
ш> ФÆСТАГ САХАТ Хуыссы æрдæгцъындæй... Иæ хъæдæй саст сыфау ма Фæстаг цардиыв йæ цæсты къуырфы ризы... Цымæ пæуыл тыхоы,— Йæ сыхаг усы фауыл? Йæ бафхæрд лæджы риссыл? Тæккæ дысон дæр ма Кæйдæр дзæгъæл кæрчыты Сæстытæ базыртæй сæ кауы сæрты рахста, Тæккæ дысон дæр ма Иæ алыварс цæрджытæ Сæ фыиы стъæлфтысты Йæ æлгъысты хъæрахстмæ. Ныр бандзыг хуыссæны... Зæрдæхæлар сыхбæстæ Æнæхин цæссыгтæ сæ дæлтъыфал æмбæхсынц. Кæсы сæм дисхуызæй... Фæлæ фæстаг пыхæстæ Æдзæм былтыл ныхæсынц. Бæргæ, куы ма цæрид!.. Æрæджиау фæсмонæй Æрдæгсалд мидбылхудт йæ бур уадултыл бахус. Уарзт сысты гагуыты, æнæхотых хæстонау, Фæлæ йæ бон нæу баххуыс! —235—
цъити Æнусты йæ риумæ Нæ ныххызти рухс таг, Йæ цъæх былтыл баззад Æрдæгдзырдæй — «Рухса-а-аг...» Фæдæ сыл хæрдгæ-хъарм Фæчмæл тымтæй кафы, Æрмæст ыи сæ ихбаст Рæмудзып пæ комы, Æнæзагъд дзырды хъыг Ныууынæргъы комы! Уынгæг хъæрзтæй цъити Иæ тыппыртæ халы, Æхсæрдзæн-æвзистæй Йæ цæссыгтæ згъалы! —230—
ш ИЗÆР УÆТÆРЫ Æмбæхсы хуры хæхты тар рагъ, Къæрцц-судзгæ арт кæны фæйлауæн, Фæлдахы дон æвзонг фыййауæн йæ æнæдамгъæ чиныг — таурæгъ... Фæстаг тын комрæбын æрхуысдзæн, Æрбаддзæи рæгътыл сау сæрбæттæн. Уæддæр фыййауы зарæг хъуысдзæн Нæууæмбæрзт улæфгæ сæрвæтыл. Æмæ кæмæдæр сиддзæн уадындз, Зæл фæлмы базырыл фæтæхдзæн, Сæ фæллад хъæубæстæ кæм уадзынц, Уым уарзты ирд æртæх æрцæгъддзæн... Æмæ хъуымбылдзыкку чътзг фендзæн Иæ фыыы саубазыр тыгъд нымæт, Йæ цуры зилгæ суадон фестдзæн Фыййауы хурмæсыгъд ныхы мæт!.. —237—
1« Æрдзæй стыр лæгтæн чи райгуырд, Уыдонæй бирæтæ не сыстыр. Цард сæ йæхи уынтыл арвыста Æмæ сæ ауагъта ног джиппы. Чи дзы йæ курдиат нæ базыдта, Чи та зæрондмæ Хъынцъымгæнгæ Кодта йæ тыхстæй æндæр хъуыддаг. Цард рæстæгæй домы йæхионтæ: Курдиат куы хъæуа, уæд — радомдзæн, Курдиат нæ хъæуы, уæд — ахст кæсаг Сурыл куыд цæгъды йæ гæндзæхтæ, Афтæ дзыххæлиуæй баззайдзæн. Амонд, æвæццæгæн, уый хонынц — Æрдзæй æргом курдиат чи райсы Æмæ йæ царды фæзылдимæ Зонгæйæ афоиыл чи сбæтты. Амондджын — афоныл чи райгуырд! —238—
•т ЗАРÆГ АМОНДЫ ТЫХХÆЙ Сты амондджын къухтæ — сæ фæндзгай æнгуылдзтæ, Хæдæфсарм хъæбултау, сæ фæндиаг куы тасой, Зæрингуырд эиууæттау куы змæлой æрмгуысты, Фæндыры хъæлæстыл зæлагур куы хъазой. Сты амондджын къæхтæ — куы сын хъæуа дзабыр — Сæхи аккаг дзабыр — æлхæнын фæлыстгай, Зæронд рæтæнæгъдтау, хъысхъысгæнгæ, сабыр Куы нæ уа сæ размæлд, куы дудой фыдрыстæй. Ис цæстыты амонд — дыууæ чысыл арвау, Æгæрои цъæх дуне сæ хуылфы куы ’вдисой, Ис цæстыты амонд — лæджы уды аргъау, Æиæнцой бæллицтæ сæ уæлцъар куы ризой. Дæ амондæй хайджын — зæрдæбын ныхъхъæрæн Куы нæ хъæуа де ’взаджы де ’нгуылдзты амынд, Куы хъусай цъæхснаг худт, сæрдыгоп æрвнæрып... Дæ амондæй хайджыи... О, стырдæр у амонд! —239—
:® ■® :/^ $к Як Ис 1м' алфамблай цыдæр — цæуыл хæцы <мæ цард, Рæсугъд удты’ цæггонд мæ алыварс æрбазылдг Æртыхст мыл рухс тынау — æндонуидаг бæласыл Куыд тыхсы цардхæссæг — уырынгæицъылдтæ цъар. /Емæ тæссаг сахат мæхинымæр тыхсын: Ис м’ алфамблай цыдæр — цæуыл хæцы мæ хъысмæт,. Æмæ фæлтау фæрисс, дæхи удæн райс зын, Фæлæ уый .ма бауадз фыдамонды хъæбысмæ! Ис ’м’ алфамблай цыдæр — цæуыл хæцы мæ цард, Мæпæн та иу фенд ныв мæ цæстыл уайы ахæм: Бæласы дыргъдоны куы сфæнд кæныпц фæлдахын, Уæд ын йæ алыварс æрыстигъынц йæ цъар Æмæ уæлхъæдæй бахус вæййы»... —240—
© а РАЙГУЫРÆН КЪУЫМ Хъæуы кæроп, Æфсондзæй уæгъд гал^у, Уадзы комытæф-фг?здæг æнæкъæм цъæх арвыл Мæ ныллæг гуырæн къуым’ — мæ рагбонты галуан, Мæ кæддæры хъарм фын. Фалдæр хуымы сæр ауæдзы сагъдæй Гутон ивазы хурмæ йæ къухтæ... Лидзынц бæлæстæ дымгæйы загъдæй, Гом хихтæй йын æвзидынц йæ хурхмæ... Æмæ уон æз кæмфæнды — мæ цæстьм Уайы уыцы фæлмæн ныв æдзухдæр: Здыхсы арвмæ мæ дард къæсæй фæздæг, Гутон ивазы хурмæ йæ къухтæ... —241 —
& о&р ж Уæхскуæз куыстыты арвыстон мæ рагбонтæ Дæрддзæф рухсмæ æнхъæлмæгæсгæ фергъæвстæн. Поэзи сси йæ бардуаг мæ амондæн, Фæлæ мын рог цин, бухъзæрдæ цард не ’рхаста. Мæ фыстытæн сæ ном æмæ сæ пайдайыл Мæн никуы равдæлд сагъæсмæ... Мæ ныхæстæ, Цъылийы донау1 Теркæн с’ утиæ райдайæн, Æмæ уæ кадьм >ма батыхсут уый фæстæ! 1 Цъыли — цæугæдон Тырсыгомы, Тсрчы ратæдзæнтæй иу. -(Ред. фипп.) —242—
^: ÆНÆНОМ ХÆСТОНТЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС Сымах цæрут хæстон обæуттæй æрдзы. Уæ ингæнтæй фыдгулы зæрдæ стъæлфы. Оымах ыст,ут æмыр. Æмæ уæ фæрцы Фыдæлты зæхх йæ риуы дзаг улæфы! —243—
*& Ж М Ж Æнæ Райгуырæп ницы ис, куыд ницы ис æнæ райгуыргæ, афтæ. Æпæ Райгуырæн ницы» ис лæгæн. Ис дардмæ афтачн, Æндæр адæм, æндæр кæйдæр ныхасæн Ис хи адæмау, хи ныхасау уарзæи. Æппынфæстаг, мах иу зæххыл гуырдтæ стæм, У иу тымбылæг дунейы — нæ бæстæ. Уæвæн уыдис — хæрвцъар кæлмыты астæу Æз арвыстаин джунглиты мæ азтæ, Кæиæ ипдейаг фат æмæ æрдынæй Нæ уадзин абон ме знæгты æрфынæй... Фæлæ хъысмæт æрхаста мæн нæ хæхтæм, — Уæззау тох æмæ тухиты фæньжыл Мæ фыдæлты туг хидимæ кæм пыккалд, — Мæ уды уидæгтæй æз уыдонмæ нындæгъдтæн. Æмæ кæм уон, цыфæпды уа мæ архайд — Æз барын’ цард фыды уæзæджы уаргъæй. Ис иу зæххы мур, иу бæсты хай — авдæн, Кæцæй ис ахауæн, æндæр бæстæтæм афтæн, Фæлæ æнæ кæмæй, зæронд Антейы хуызæн, — Лæгæн пæй цардыныфс, нæй фаг быцæу æххуысæн, Уд у æнæ кæмæй, æдзард дунейау, афтид... Æнæ Райгуырæн ницы ис, куыд ницы ис æнæ райгуыргæ, афтæ. —244—
^- УАРЗОНЫ ЗАРÆГ МÆЙРУХС ÆХСÆВЫ Уæлæ ыстъалытæ арвыл ныипырх ысты, Чи зоиы, фестъæлфай ахсæв сæ тæлфынмæ. — Уыдон ысты, мæ хур, ме ’нæзагъд ныхæсты, Ме ’нæфыст писмоты’ стъæлфытæ! Зæрдæ ыссыгъд æмæ йе ’рттиваг цæхæртæ Сонт уарзты стъæлфæнтæй арвмæ фæтахтысты. Уæлæ-1ма скæс, мæ хур, Авд хойы къæсæрмæ Фарсты нысанау мæй-минæвар бахызти... О мæ хур, бамбар мын ме ’рвон æнæсдзырд уарзт, Ратт ып йе ’мбæлгæ дзуапп, йе та йæ хъус ныккæ... Нал у сæ бон æмæ судзгæ зæрдæйы хъаст Дзурынц, нымудзæгау, æхсæвы рухсытæ. Уæлæ ыстъалытæ арвыл ныппырх ысты, Чи зоны, фестъæлфай ахсæв сæ тæлфынмæ.— Уыдон ысты, мæ хур, ме ’нæзагъд ныхæсты, Ме ’нæфыст писмоты стъæлфытæ! —245—
^ © САГЪÆС МÆ ДЗÆГЪÆЛ ÆФСЫМÆРЫЛ «...Ноджы ниудтой сабитæ, Туркæн сæ-иу лæвæрдтам, Чи ма хаста йæ саби? Кæй-иу уынджы æппæрстамг Чи-иу стонгæй марди...» (Мамсыраты Темырболат) Баззад ме ’фсымæр дард ран. Дзæгъæлæй. Нæй йын къона, кæйдæр къуымы байрæзт; Ссау æндæрбæстаг хуры цæхæрæй, У кæйдæрау йæ уæлæ — йæ дарæс. Баззад ме ’фсьимæр дард ран. Дзæгъæлæй. Йе ’взаг аивта, байрох йæ бæстæ... О, фæлæ йæм æбæрæг цъæлхъæрæй Фыны райхъуысы зонгæ ныхæстæ. Æмæ стыхсы... Цы уыди сæ нысан? Чи сæ загъта? Кæм ауад йæ хъустыл? Æви рагон, йæ фыдæлы мысан Дард фæдопмæ æрыздæхт æнустыл? Тар æхсæвы цæмæ сидти зарæг, Уыцы зонгæ-æцæгæлон зарæг? Уыд ныфсы хъæр: «Ис рох амонд ссарæн!» Æви ниудта йæ соод.боны сæрыл?.. —246—
Баззад ме ’фсымæр дард ран. Иæ сæ !;тыл Фаг нæ фæци тыхсæг. Æмæ ферох йæ бæстæ... 0, фæлæ йæ æнæнцой æхсæвты Фын æрхæссы цыдæр рухс уæлвæзтæм... Æмæ сысты уæнгтæрыст, фæлладæй, Риуы ссудзы æрдæгхуыст æхсидав... Сты æцæгæлон й’ алыварс адæм... Зарæг цавæрдæр рох бæстæм сиды... —247—
©’ ТÆППУД ЛÆДЖЫ САГЪÆС РАГОН УÆЛМÆРДЫ РАЗ Хатгай,— Æгæсты дзуапмæ куы не ’вдæлы, Кæнæ куы вæййы сæ ныхас канд дзулыл, — Уæд, æвæццæгæн, фембæлы Мæрдтимæ адзурын... Æмæ рухсаг! — Æндæр уын цы ракæнон, — Мæрдтæн сайæн нæй, æгæстау, аргъæуттæй... Къул цыртытæ мæ балцы фæндаггæрон Бандзыг сты тæфæрфæсы ’нцад лæудæй... О, сымах дæр, æвæццæгæн, мах хуызæн Раст зæгъынæй, мæыг зæгъынау, тарстыстут, Æмæ хъуамæ æнхъæлмæ нæ кастыстут —< Искæд бон уæ кæй хъæудзæни а^м хуыссын. Фæлæ ныр,— Уæрст куы фæци уæ цард-мæлæт, Тас куы нал ис — æфхæрды, Уæз — хорзæхы, Уæд уыл паддзах, пехуымпар дæр амбæлæд - У рæстаг дзырд æнцон зæгъæн. Æмæ ныр, — ам бæлвырдæй куы базыдтат — Цинтæн, мулкæн кæй нæ ис мæрдтæм хæссæн, Стæй кæй нæ ис мæлæтæй æрæмбæхсæн, Кæй у цардæн та аргъгæнæн — байзæддаг; —248—
Ныр,— Куы зонут рæстыл тохы знаджы уаг: У йæ карздæр суд — амарын; Æмæ циу уый?— фыдниз дын уа, хъама-рын Ам хуысдзынæ, æрæджы уа, раджы уа! О, куы зонут æппæт уыдон, уый фæстæ Ногæй ацы дунемæ куы» ’рцæуиккат, Уæд ма уаид мæнг цымæ уæ ныхæсты? О, уæд цымæ куыд цæриккат?! —249—
@- •@ ЗÆРДÆТЫ ÆМЦÆФ Л?одмилæйæн Куы цуда цард, лæг искæд бон куы стыхса„ Куы хъæрза уд, куырой-фыдты æу^ыл^о, Уæд рох фынау æфхæрд зæрдæ кæй мыса, Æмæ ныфсау кæмæн бæлла йæ уындмæ, Куы уа æнтыст — æнæнхъæл бонты халыл Куы фена лæг йæ бæллицтæ æххæстæй, Кæй агура уæд цингæнæг æмбалæн, Кæмæ хæсса йæ ахсджиаг æмбæхст фæнд, Кæй хуыз уайа фæстаг сахат йæ цæстыл, Æмæ йæ ирд, йæ мид-зæрдæ тæрхоны Кæмæн дзура къæмдзæстыгау йæ хъæстаг— Уый хонæм мах — Уый уарзондзинад хонæм!.. —250—
®- © Фæлмæн, зæрдæбын дзырд, Рæвдауæг хъарм цæстæнгас, Æнувыд мидбыл худт, Ныфсæвæрæн æрбандзэйвд! Мæгуыр — сымах тыхæй Цы сылгоймаг нæу хайджын! Мæгуыр — сымах рæвдыд Цы нæлгоймаг нæ зыдта! —251 —
© ж ^ ж Æз нæ уарзын лæджыуат сынтæг, Иу лæджыуат... Мæн бахъæудзæн сæлын Афтæмæй дæр кæддæрбон сындæг Иу лæгæн конд мыггагмæ хуыссæны... Гъе ныр та уал фæнды мæн — цæмæй Рог мæ фарсмæ кæйдæр улæфт хъуыса, Уарзон зæрдæйы сусæг цæфæй Сабыр æхсæвты лидза мæ хуыссæг!.. Уыйхыгъд искуы хъысмæты «æххуысæй» Æз кæндзынæн мыггагмæ фынæй... —252—
РОМАНС Мæнæн ды цардæмдых æнхъæлдтай, Æмæ дæ стыр ныфс уыд мæнæй. Æз та уынын мæ фæндтæ хæлдæй... Æз хæсджын дæн дæуæй. Мæ риуы буц рæвдыд æфснайдтон, Фæлæ фæндон хорз уæвæн нæй... Æз дæу фæлмæн уарзтæй фæсайдтон... Æз хæсджын дæн дæуæй! — Дæуæн æрхастон æз дыккаг мæт, Дæ цин дын адавтон, уæууæй, Дæуæй æз хæсджын дæн мыггагмæ, Æз хæсджын дæн дæуæй! -253-
5&' ЭУь '<$& $& Ис æвзаг — кæй æмбарынц æппæтдæр, Ис æргом, зæрдæсхуысты æвзаг... Хъуыды бады æрфгуыты къæлæтыл — Цыма рындзыл ратæппæввонг — саг. Лæг нымдæй нæма сæтты йæ зыныл, Фæлæ <ма цы пайда у ныхас, — Сагъæс ныхыл зул хаххæй нындзыг и, Баззад джихæй урс уадултыл тас. Æмæ райхæлд се ’нæхæлд баст фæндтæн... Сусæг мастæй макуы ут фæрсаг. — Ис æвзаг — кæй æмбарынц æппæтдæр, Ис æргом, зæрдæсхуысты æвзаг. —254—
© ИУМÆЙАГ ЗИАН Фæйлыдта халон дзывылдары ахстон, Æххормаг бæлон иу къахыл лæууыд... Хæстоны уомæ саугæххæтт æрхастой, Æмæ иыййазæлд хъæубæстыл йæ куыд. Ныхъхъарæг кодтой сыосæгтæ йæ фæстæ, Сæ судзгæ цæссыг нал кодта куынæг. Æмæ сæ уади алкæмæн йæ цæстыл Иæ нымд мойаг, йæ фырт кæнæ йæ лæг... —255—
■5 АЛАСА Уый уыд рæсугъд. Иæ цъæх егъау цæстытæ Зæрдæбын тæмæп калдтой, Æууæнчы суадæттау. Йæ зæлдаг барц, хæххон чызджы дзыккуйау, Бæрзонд къубалыл дымгæмæ фæйлыдта, Йæ лæгъз тæрныхыл амонды нысанау, Дзыхъхъынног мæйау, урс зыгъар æрбадти... Лæг загътаид: уый рухс хъысмæтæн равзæрд, Хæрдзæн сысджы, нæрдзæн йæ намыс дугъты>! Фæлæ йæ хицау — бинондар куыстхæрд лæг Уыдта æрмæстдæр байрагæн йæ уæнгдых, Æ,мæ йын, хъавгæ, стъалыты ’мæнг рухсмæ Хуыйæндагæй дæрзæг хамут рæхсадта... Æмæ дзы рауад аласа. Суг ласта. Йæ лæгъз рæсугъд рагъ æфтаугæйæ схаудта, Æлвæст ныхыл дыууæ суадоны астæу Ныджджих цæуылдæр хидхъулон æрдæг мæй... —256—
■&? ш ж> ш ^> л^ Ж Ж Поэт Кочысаты Мухарбегæн йæ зынг ахуыссыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Фронтмæ ахаста Къостайы «Ирон фхн- дыр» æмæ дзы йæ амæлæты онг нæ фæхицæн. Куы хæссай зæрдæйы æмбуар Дæ Иры сагъæстæй конд чиныг, Уæд нæй тæппуд уæвынæн бар, Уæд нæй мæлæтдзаг тохы чиуæн. Куы уа хæстон фæндæгты даргъ Поэты сонт хъæлæс æвзарæг, Уæд у зæрдæбын дзырд зынаргъ, Уæд судзы тугдадзннтæ зарæг! У адджын рухс хуры тæмæн, Фæлæ кæд къаддæр вæййы риссаг Дæ хъæдгом огаргæйæ, фæлмæп «Ирон фæндырыл» къух куьг риза! Мæлæт! 1<æй дæм фæпды бæллыи, Æдзард цæхæр туджы мæцгæйæ? Фæлæ æнцондæр у мæлып Дæ Иры сагъæстыл хæцгæйæ! ^ ацамсшæ —257—
© §ь СÆУУОН КЪАХУЫНÆР Сæууон рухсы уылæн зæрдæхсæн æвдадзау æнхъæвзы. Райсом бурхил тынтæй цæуæджы фæстæ фæлгæсы... Гуырысхо, æфхæрд — лæг ныууагъта йæ хæццæ фынтимæ æмæ рацæуы худгæ йæ сытъдæг фæндтимæ. Уынджы ризгæ зæлд ын йæ ивгъуыд мæстытæ фæрсудзы. Цæстыты — уды кæсæны — йæ уарзты æнæхуыст зынг судзы. Лæг æрцæуы æргом, ничи дзы зæгъдзæн — æрхъуызы, йæ къæхты уынæры йæ зæрдæйы’ музыкæ хъуысы! Нæй йын дунейыл ызнаг, нæй йæ риуы хæрамзыны тухи. Цинæй алкæйы дæр йæ уарзаг хъæбысы ныттухид! Лæг хъуыдытыл фæци, о, куы андзæва искæуыл йе уæнг — Знæт, цъыфæвдылд дзырдæй ма фехалут сыгъдæг удæн йе ’ууæнк. —258 —
■® ГОРЬКИЙЫ ФЫСТЫТÆ КÆСГÆЙÆ Тархъæнджынау ныууынæргъы денджыз, Æмæ схуыфы фынæй былтæм йе змис... Царды денджыз ныссæйæццаг, сызмæст, Срæсыд, сабузта уылæнты стыр маст. Æмæ сусæг хъæрзт денджызы риссæй Стахти уадхæссæг тохы фæдисы: «Сыстут, уылæнтæ! Знæт тæлфтæй ницы и, — Стыдта мигъты тар оидт, — Революци! Уадз æмбæхсой нæрдгуцъа пингвинтæ! Революци — зæрдæты, зонды! Æмæ зæлы сæрибар бæллицты, Зилы бæстæтыл сидт: «Революци! Революци—зæрдæты, зонды! Революци — Парнасы бæрзондыл!» Зилы. Денджыз йæ цæлхъытæм хъусьг, Лидзы зæрдæтæй тас æмæ сусæг, Риуты туыры æнæнцой бæллицтæ... Денджыз. Уадхæссæг. 'Сидт. Революци. —259—
@- ФАШИСТТÆ ÆХСЫНЦ ПУШКИНЫ Ленинграды бынмæ номдзыд лицейы ба- цæуæны лæууы Пушкыны æрхуы цырт. Блокадæйы рæстæджы уый\ фашисттæ сæ- вæрдтой мысанæн æмæ йæ æхстой авто- маттæй. Фашисттæ нæ уарзынц поэтты. У сын уæнгæл сæ рæстад, сæ зарын... Уый фæлтæрд у, зынг нæмгуытæ федта, Уымæ бирæтæ хъавыд мысанæн... Цыма ногæй Дантес уыд йæ разы — Бронзæ Пушкин сæрыстырæй йе ’мбæрц* Каст хъуыдыгæнгæ дардмæ, æгасау, Æмæ ’рхъула сты й’ алыварс немыц... Унтер йе уæхскæй автомат систа, Атахт арты ’взаг ихсыд хæтæлæй... Хъавынц уарзттауæг риумæ фашисттæ, Æмæ худынц зæрдæбын кæл-кæлæй. Хъавынц гени’мæ... Сау зонд хæсджытæй Нæй æрдомæн æрхъуыды, æфсæрмы. Схъиуынц нæмгуытæ бронзæ уæхсчытæй, Ниуынц уæлдæфы, агурынц зæрдæ... Фæлæ Пушкин зынг нæмгуытæ федта, Туг лæдæрсти йæ риуыл, йæ фыстыл... Фашисттæ нæ уарзынц поэтты, — Сты поэттæ сæрибар, сæрыстыр! —260—
КУЫ СКÆНОН ИСКÆЙ УДÆН ЗЫН Тæрсын æз иу хуызы мæлæтæй, Æмæлгæ нæй, фæлæ тæрсын: Мæ сонт æрхауд, мæ царды фæудæй Куы скæнон искæй удæн зын. Мыййаг, мæ хорз хæлар чындзæхсæв Куы кæна, уыцы бон ыл раст Иæ цины бацæуджыты æхсæн Куы сæмбæла мæ сæфты маст. Циу тас — æмæлгæ дуне нæй. Фæлæ куы фæцух кæна искæд Нæ сыхы тарф хъæлдзæг фынæй’ Мæ удайст бинонты фæдисхъæр. О, цард æфстау уыди, æмгъуыдæй, Фæлæ куы ’рбайхæла æваст Хъыгзæрдæ мæрддзыгойы куыдæй Нæ кæрты» сабитæн сæ хъазт... Тæрсын æз иу хуызы мæлæтæй, Æмæлгæ нæй, фæлæ тæрсын: Мæ сонт æрхауд, мæ царды фæудæй Куы скæнон искæй удæн зын! —261 —
АЗТÆ КУЫД ЦÆУЫНЦ, АФТÆ... Азтæ куыд цæуынц, афтæ Ме сæфт уынын уæлдай митæй,- Ныхæсты, ноггуырд байрæгтау, Уарзын æнæ къæдзилбыдæй. Азтæ куыд цæуынц, афтæ Къаддæр тыхсын авддаг уындыл, Хъуыды, уæззау ныуулæфтау, Гуыры æмбьГрд æнкъарæнтæй. Азтæ куыд цæуынц, афтæ Тынгдæр фæлгæсын фæндæгтæм, Хохыл изæрон арты рухс Ахсы зыддæрæй цæстæнгас... Азтæ куыд цæуынц, афтæ Бабæллын — не ссау, афтæмæй— Зæрдæ, фæрдыгау, рафтау Æмæ йæ равдис адæм’мæ!
АДÆМ ИРОН ФЫНГЫЛ КУЫ БАДЫНЦ Г*йæн Адæм ирон фынгыл куы бадынц æмæ куы нуазынц, Уæд уыдон сегас расыггæнаг не сты, Фæлæ, æвæццæгæн, ирон хъæлдзæг дзырд уарзынц, Фæлæ, æвæццæгæн, сæ боны куыстаг фесты Æмæ сæ уæнгвæллад, сæ сагъæсвæллад уадзынц. Æнгом æмæ цæстуарзон хъарм ныхæстæй Сæ маст æмæ сæ тыхсты их æртайы, Сæ мидхъуыдытæ нал дарынц æмбæхстæй; Сæ хъынцъьш нал вæййы æрвылбоны пайдайыл, Сæ хæстæгдзинад банкъарынц æххæстæй... Адæм ирон фынгыл куы бадынц æмæ куы нуазынц, Уæд уыдон сегас расыггæнаг не сты, Фæлæ, æвæццæгæн, сæ кæрæдзийы уарзынц, Фæлæ, æвæццæгæн, сæ ныхæстæ нæ фесты Æмæ сæ карз фынгыл ирон сидтытæ уадзынц. —263—
® СЫЛГОЙМАГ Æрбахызт хъазты фæзмæ худгæ Æмæ цырен хъæрахст фæдæлдзæх, Æваст æмдзæгъдгæнæг лæппута^ Къуыхцытæй райдыдтой мæнгæмдзæгъд... Тырныдтай рохбаст риутæ размæ, Дьшстæй хъæрзыдта къаба рындзыл... Къуызæгау усджын лæгтæ фарстой: «Цымæ кæй чызг у уый... кæй чындз у?.. Йæ фæдыл аивæй кæсгæйæ, Фæлтæрдджын урсрихи зæрæдтæ, Сæ къухтæн фсуæгъдæй тæрсгæнæ, Æнгом хæцыдысты сæ рæттыл!.. —264—
© ■© 0, ÆВÆЦЦÆГÆН, АЦЫ ЦЪÆХ ДУНЕ... Бæх — хуымгæнæг бæх — адаргъ и нæууыл, Бандзыг дæндæгтæй кæрдæджы халыл, Нал фæразы йæ цæфхæдтыл слæууын Æмæ, гагуытау, цæссыгтæ згъалы. Хойы зæхх, цыма базыдта морзе Æмæ сиды кæдæмдæр æххуысмæ. Нал фæхаста кæронмæ йæ хордзен Æмæ сиды кæмæдæр æххуысмæ... Бæх кæуы... Бæх цæугæ-цæуын ахауд... Æз куыстдомд хъæуы райгуырдтæн Иры, Бургæрз рохтыл фæхæцыдтæн бирæ, Фæлæ скæугæ бæх федтон фыцца<г хатт!.. 0, æвæццæгæн, ацы цъæх дунё^ Афтæ диссаг у, афтæ стыр барджын Æмæ, гъа, зæгъгæ, цард ныл фæкъул и, Уæд æй райдайæм ноггуырдау уарзын! О, æвæццæгæн, царды стыр зынтæй Уымæй зындæр иæй, уымæй хъыгагдæр — Мигъфæлмы дæм дæ нысан фæзынди, Уæд æд бæллицтæ ахау фæндагьм! —265—
©• ФÆЗЗЫГОН ХЪÆД Фæззыгон хъæд, сызгъæринсæр мæзджытау, Тæргай хурмæ тæмæнтæ калы фахсыл, Сæртæг дымгæ, æлгъин лæгау, фыр зыдæй Тæхгæ сыфтæр — къæркъæраг сомтæ ахсы. Ж Ж Ж (Гейнемæ гæсгæ) Цымæ-иу дидинæг йæ адджын тæф æмбары? Цымæ кæны йæ аив хуызæн аргъ? Фæзоны булæмæргъ — йæ æмбисонды зарæг Ыстыр дисы кæй бафтын кæны ’мах? —266—
&ææ Æз ацы фарн бæсты мæ худистæй цæуын, О Нары фондз тигъы, уæ фондз бæрзондмæ кувын. Нæ зонын — циу мæ цин, мæ сагъæс у цæуыл, Фæлæ уæ иунæг хорз, о, иунæг амонд курын: Кæсут уæ къæсæртæм тызмæг фыды цæстæй, Æмæ уæ хъæбулты фарн ма бауадзут сафын! Дымгæ футгæнгæ цæгатæй Йемæ тага ’мит хæссы... Хур ныгуылæны фæлладæй Ссардта уазæгуарз фысым... Зьгмæг бацыди йæ рады, Митæй амайы цæндтæ... Уый, æвæццæгæн, нæ хаты Хурджын уалдзæджы фæндтæ. —267—
АМОНД НÆЙ СГАРÆН УЫРЗÆЙ... Амонд нæй сгарæн уырзæй, Амонд нæй, къухрайстау, бамбарæн, Амонд хъуынтъæрфыгхуызæй Хатгай æрцæуы зын хабары... Амонд нæй сгарæн уырзæй, Нæй йын, хуынд уазæгау, базонæн, Фæлæ нæу амонд куырм зæй, Райгуыры немæ уый фаззонау... Зæрдæ кæм вæййы æрхуьгм, Зæрдæ уæлдай тынг кæм фæриссы, Бирæ хатт разыны- уым Амонд нæ царды рæстæвдисæн... —268—
СÆТÆЛÆГ Урс чысыл дурау сæтæлæг — У æгуыппæг ныр. Дурау нæй йæ хуылфы змæлæг, Дурау у æмыр. Фæлæ йын йæ тæнæг агъуд Иу чысыл фæсæтт, Æмæ дзьг цыдæр урс рахылд Калгæйæ йæ сæт. У æлгъаг, фæлмæн, хæрз лæмæгъ, — Хилæггаг — æдзард... У тæнæг агъуд — йæ бæллæх, — Йе ’мбæхсæн хæдзар... ...Раст сæтæлæгау иæ æхсæн Адæмтæй дæр ис, — Цардьр уынæрæй æмбæхсы Ие ’ппæт цин, йæ ис. Уый йæ чысыл къуымы ары; У йæ ныфс — йæ цар. Æмæ йæ куы бахъыгдарай, Уæд фæци æдзард. —269—
®' ■&ч СÆТÆЛÆГ Иунæг сыбыртт кæнæ иу сым Ауайæд æрмæст йæ хъусыл, Уæд йæ хæмпус буар фыр тæссæй Уый ,йæ урс хъузджы’ нымбæхсы. Фæлæ ахæмæн цы тас у — Чи фæхондзæн уый æгас уд?.. —270—
.© •® ^К ^П ГГЪ У ныр хъуыддагмæ гæсгæ кад, Лæг у йæ хицау амондæн, Фæлæ ма иу æцæгдзинад Цæры, фыднизау, абон дæр. Лæг зондæй аразы æппæт, Иæ рæсугъдæй та хъал вæййы... Къоста куы нæ уыдаид, уæд Ныр чи зыдтаид Аннæйы?.. —271 —
САУ БÆРЦЫТÆ Мæ фыды фыд ,хыгъта йæ дзырддаг Нæмыг, йе — хъамайы фындзæй, Æмæ пыльрстæг сау бæрцыты Уый хаста топпыхос рæвдзæй... Мæ фыд цард ног хуызы æмбæрста, Уыдис ын сау цухъхъа къуындæг, Æмæ нымд бæрцытæ æрмæстдæр Уый хаста хаттæй-хатт уындæн... Цыд цард... Æз дунемæ æрцыдтæн, Уыдис æндæр дуджьг мæ рæзт, Æмæ нæ къулыл сау бæрцытæ Зæрдыллæууынæн дарын æз... Фæлæ мæ фырт уыдзæни цырддæр, Ныр дæр сæм скæсы, у цæттæ — Рæсугъд, пылыстæг сау бæрцытæй Уый скæндзæн уадындзы- цæгтæ... —272—
УЫГ Дысон хъæуы уыд йæ фысым, Тигъæй тигъмæ лыгъд йæ аууон, Кæркдæтты цур цыд йæ сыф-сыф, Баззад бумбулитæ кауыл... Ныр æрбон, æмæ ныхъхъус и Фæрвы бутъройы... Зæгъ-ма мын: Уый цæй тыххæй тæрсы рухсæй, Стæй цæй тыххæй уарзы талынг? —273—
■& НЫГÆНЫНЦ ШОФЫРЫ Ныгæнынц шофыры... Тæхы зæрдæскъуыд уасын — Кæуынц чырындуар машинæтæ уынджы... Цъæх зазкъалиу — йæ ногбонты фыццаг цин — Йæ фæстаг боныл сау хъыгæй æркъул и... Ныгæнынц шофыры... —274—
:я> ■& ж:жж Гуытъиаты Хъазыбегæн Лæлмæ куыд фæцæуы цæрын, Куыд рæсугьд æм фæкæсы дуне, Куы фенай хорз адæймаг. Тын Цыма ныххауы риумæ хурæй. ж ж ж Чиныг фæлдахгæйæ иу ран дæ къухфыСтæйг Ссардтон дæ ном. Алы хъуыдытæ та сæрмæ фæзындысты, Нæй сын кæрон... Мысын та рагбонтæ... ауад та цæстытыл Уарзон цæсгом. Зæрдыл æрбалæууынц — донбыл нæ хъæзтытæг Ме ’взонг фæндон... Азтæ ны’л уадысты рухс царды фæндтимæ, Цас уыд мæ уарзт!.. О, фæлæ уарзонад хивæнд хъысмæтимæ Не ’рцыди ’баст... —275—
■& ИСКУЫ Ехх, искуы кæд бамбарай мæн, Фæсмон уæд дæ митыл кæндзынæ,— «Цæмæн ын лæвæрдтон дæрзæг дзуапп, цæмæн, Цæмæн æй æфхæрдтон», — зæгъдзынæ.
©■ ■& <Яг\э ЛЪ ?*Ъ (Гамзатозмæ гæсгæ) Наизуст æз зонын иууылдæр Къостайы, Фæлæ нæ ахсы иу хъуыддаг мæ сæр: Цымæ, уæдæ, куыд æ^ъдауæй зыдтаид Къоста мæ ныры уарзт кæддæр? —277—
ф БАЛЛАДÆ ФЕМБÆЛДЫЛ Мах никуы фембæлдыстæм1 уый размæ, фæлæ мæм Фæкаст, цыма зыдтам кæрæдзи рагæй. Æмæ йæм худгæ бацыдтæн, хæларау. — «Дæ бон хорз!»—зæгъгæ, бацин кодта уый дæр„ Кæрæдзийы къухтæ зæрдиагæй нылхъывтам. — Кæм вæййыс ныр?.. — Цытæ кусыс?.. — Куыд цæрыс?.. Кæрæдзи бафарстам. Стæй аззадыстæм джихæй: Дыууæйæ дæр фæфиппайдтам — фыццаг хатт Кæй фембæлдыстæм царды мидæг абон.. Фæлæ йыл басæттын нæ иуы дæр нæ фæндыд Æмæ, къæмдзæстыг «Цæй, уæдæ...» зæгъгæйæ, Фæйнæрдæм араст стæм. «Цæй, уыдзыстæм зонгæ...» — Нæхи растгæнæгау, хъуыдыгæнгæ цыдыстæм. —278—
УЫНДЖЫ НЫВТÆЙ Д а р д м æ. Уæуу! Ныццæлхъ ласта зæрдæ — Чидæр ахауди тигъыл; Адæм сдзыгуыр йæ сæрмæ, Иу æй йе ’тæрттæй уигъы... Хæстæгмæ. Дард — зыгъуыммæ нывгæнæг, Цæст куыд сайаг у, уæвгæ: Чидæр ведрамæ ’вгæны Бур голлагæй картæфтæ! —279—
©■ ■г^ СОНЕТ Хинæйдзаг æмбалæн Ды раст дзурæджы хинæйдзаг фæхоныс — Цæмæй дæ хин нъгмад æрцæуа растыл, Ды хоныс хорз — æвзæр мийæ цы зоныс, Цы нæу дæ бон — уый дæу æфтауы мастыл... Фæлæ дæ фæд ды арф æмбæхсын зоныс, Æмæ кæдцардхæлд бирæтæн æрхастай, Уæддæр сып се ’ууæнк афтæ тынг ысбастай — Æмæ зындæр, фылдæр кæны дæ хъо’мыс... Æмæ... нæ лæууы митын мæсыг бирæ... Фæлæ дæумæ нæ кæнын æз æртхъирæн, — Тæрсын — мæ хæзна акалдзынæн былæй. Лæууы цыргъзопд ирон фæдзæхст мæ зæрдыл: Нæ кæны давæг давынæй æфсæрмы, Æнæзонд хоны’ зондджыны æдылы... —280-
©>• 0&ь *ЛРЬ г?»Ь «Къæвда бон 1ма ныууадз дæ дзабыр, Дæ нымæт ма ферох кæн хур бон» — Фыдæлтæй ’баззад. Фæлæ цавæр Фæдзæхст у фаг фыдуаг хъæбулæн? — Нæ зыдтон æз нæдæр бæх-фæллад, Нæдæр мæйдар, нæдæр æмбисбон... Кæм хъуыд цырыхъхъ—уыдтæн бæгъæввад, Кæм’ хъуыд нымæт — уыдтæн уæнгфистæг... —281 —
^ ^р Э^ ЭДЁ с^ч ЛРъ еИРЪ Дард балцы йæ лæппуты æрвыста Æмæ сын къæмдзæстыгау дзырдта: — Баззадтæн хæрзиунæгæй уæ фæстæ, У’амондæй цæрдзынæн æз ныр та. Дард балцы йæ чызджыты æрвыста, Æмæ сын къæмдзæстыгау дзырдта: «Баззадтæн хæрзиунæгæй уæ фæстæ, У’ амондæй цæрдзынæн æз ныр та. Загътой ЙЫ’Н йæ хъæбултæ: — Дæхицæн Мауал маст кæн, ма ныл-иу кæн ’мæт, — Ныр йæ цард у алкæмæн дæр хицæн, Хицæн у нæ алкæйы хъысмæт. Сгуыхдзыстæм, кæндзыстæм-иу къуыхцы дæрг Ма-иу ку... «Хæрзамонд!» — дзур уæддæр — Амонд уый у: къаддæр лæг куы цуда, Размæ йын куы æнтыса фылдæр! —282—
ф -$ ХÆФС Хъоппæг-тар фыдцæстæй Хæфс ныккасти хурмæ — Раст цьпма фыр <мæстæй Атонид уый мургай... Уьгмæн циу сырх тæвд зынг? — Уый фæнды — куыд уара, — Уымæн æмæ хæфсьг Тынг хъæуы цъымара... —283—
©■ ■® ДЗУРЫ ХОХАГ ТЪÆПÆНСÆР ХÆДЗАР Уыдтæн æз хæхты ардхæрæн цæрдудæн,— Дæ фыдгулæн ,йæ къæсы фæтк фæцудæд!.. Кæддæр мæ хицау дзагдарæг кæстæрæн Лæууыди сыхы зæрæдтæн сæ разы. Иæ фарсмæ та цæхгæрамад къæсæрыл Иæ чысыл фырт уæрыччы хъултæй хъазыд. Фæкалди саби, лæгъз хъул æй фæсайдта, Æмæ — чысыл ма — сæрсæфæнмæ рахауд... Фæлæ фыд къухæй не суæгъд кодта цайдан. — Иæ фæдджийьгл ын аивæй фæлæууыд, Æмæ куы фæци хистæрæн арахъхъ уагъд, Уæд æй æруагъта къулы фарсмæ нæууыл. —284—
ф ИР Куыствæллад лæджы куыствæллад уæхскыл Иу хæссинаджы дыууæ æмбисау — Хæхты рæхысæн йæ фæйнæ фæхстыл Иры дыууæ Иры ныххæлиу ысты’. Зæгъынц сæ: «Хуссар», «Цæгат-ирæттæ», Ныхгæдтой фæндаг хъæдæмбæрзт рæгътæ Фæлæ сын дзурынц чырсбазыр дæттæ Сæ иу фыдæлты нæртон таурæгътæ... Ныддих и се ’взаг дыууæ нымд зæлыл» Хæд-зад бындзыджы дыууæ æвзарау. Æмæ сып райгуырд сæ тохы сæрыл Сæ иу хъыджы фырт — К/ьостайы зарæг. —285 —
«^ Дон йе знæт гуылфæнты Кæдæм хоны фæндты, Цæуыл у йæ æнæном зарæг? Æви уьий сæ фынæй Æрыхъал кæныныл Æгомыг къæйдуртыл æвзары? Дьгмгæзылд пырх зæлтæ Цæмæн цæвынц зæрдæ, Туг уæнтты цæмæн зилы тагъддæр?.. Уый кадыл нæ ризы, Иæ сагъæс нæу исыл, Уый цинтæ нæ домы йæ цагъдæн, Уый цъититы хъазтæй, Уый хуры æркастæй, Уый комы узæлдæй æвзæры, Уым царды уырнынад, Уым бархи тырнынад, Уьгм æрдзы сыгъдæгдзинад зæльт... —286—
■@> МÆЙРУХС ÆХСÆВ Цыма Æрфæны фæдæй рахауд Хуыссæгхъуаг ирд арвы къæсæрмæ, — Нæуæг мæй, амонды цæфхадау, Æвзист æрттывд кæнымæ сæрмæ... —287—
ПЫЛ ÆМÆ БЫНДЗ (Æмбисонд) «Пылæй бындз аразы». (Адæмон æмбисонд) Бындз фехъуыста, зæгъгæ, зæххыл Дзырддзæугæ хъузæтты æххуысæй Бындзæй ис ацаразæн пыл. Æмæ фæлыгъд бынтон йæ хуыссæг, Цыд пылимæ куывдмæ уа, хъазтмæ, Фæцис ыл сырдтæй дæр хæцæг... Æмæ куы.д фæстæмæ æркасти Йæхимæ ставдкъах пыл æцæг... Фæлæ та иу заман йæ фæдыл Æвæд ран хъæдбынты’ фæраст, Æмæ æрбайсæфти æваст Уый пыльг арф иыхсгæ къахвæды. —288—
© = = © Л стгъ (т (С. Л.) Хъысмæт кæнæ æрæмысгæ ныхас у, Кæнæ у скæнгæ амондау æцæг... Æмбæхст хъуыдыты цасфæнды дæр ма сур, Уæддæр сæ иу хатт базондзæни лæг... Æцæг уыд уый, æви мæм касти афтæ, (Фæлæ мæхицæн сайд æнхъæл нæ дæн), Цæрæнбонты мæн цавæрдæр хур тавта, Кæйдæр хуывимæ иу фæдыл цыдтæн. Æмæ æрзылди мах а.мондæн рæстæг, Мæ сонт хъуыдытыл нал кæнын æз дис, Цæрæнбонты цы хуыз зылди мæ фæстæ, Уый мæнæ ныр мæ царды 'м>бал ыссис! Ущг уонгæ —289—
© ÆНÆНОМ ХÆСТОНТЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС Сымах бырстат æргом. Æмæ уæ фæстæ Кæйдæр удтæ нæмыгæй хызт уыдысты. Сымах ныгæдта зæхх. Æмæ уæ бæсты Кæйдæр риутæ хæрзиуæгхæссæн сысты... Сымах хуыссут æнцад. Æмæ æндæртæн Сси, сауджынтау, сæ дæсныйад ныхасæй, Сьшахæн нæй нæмттæ. Æмæ кæйдæрты Сæ нæмттæй уæлдай ницуал ис æгасæй. Сымах цæрут хæстон обæуттæй æрдзы. Уæ ингæнтæй фыдгулы зæрдæ стъæлфы. Сымах ыстут æмыр. Æмæ уæ фæрцы Фыдæлты зæхх йæ риуы дзаг улæфы! —290—
ЦАРДЫ КЪÆСÆРЫЛ (Поэмæ) 1 Уæлæ йæ цъæх хъæбыс арвæн Хæхты хæд сæрмæ фæхъулон,; Æмæ та ног боны фарнæн Райхъал йæ тарф фынæй Бурон. Хур æм йæ рухс тын æруагъта, Хур ын йæ фæллад хуызивы, Æмæ та къордгæйттæи шахтмæ 'Ивылынц кусæг фæсивæд. Ирдгæ сæ сау худтыл хъазы, Зæлы Æрыдон, Сæрыстыр Дьгмгæ æрсæрбы йæ’базыр Ихсыд цъæх кæттаг фæлыстыл Мыргай сып скъæфы сæ пыхас. Доны сæр-сæримæ сиу и Фæндагмæ амонæджы фарст: «Уый та аэд чумæдан чи у?..» 2 Афтæ-иу фондз азы размæ Рацæйцыд шахтмæ Умар дæр, Афтæ-иу уддзæфы базмæлд Агуырдта уый дæрзæг арм дæр, —291 —
Афтæ йæм уылæнты базард Хаста цъæррæмыхст ныхæстæ... Чи зоны, уый тыххæй ;баззад Джихæй кæсгæйæ сæ фæстæ... Ивгъуыд мысинæгты хъармæй Зæрдыл цы нæ цау æрлæууы, Балцæй куьг раздæхай дардæй Райгуырæн зæхмæ, дæ хъæумæ!.. Баздæхти донмæ, йæ рагон Ирхæфсæн уарзон бынатмæ, Æмæ йæ ихсыд, фæндаггон Бур чумæданыл æрбадти... Иугай ма хидыл йæ сæрты Уадысты кусджытæ тагъд-тагъд, Æмæ æрлæууыд йæ зæрдыл, Шахтмæ куыд ныххызт фъщцаг хатт... 3 Рухс хур фæтар, цыма боныл Сонтæй æрытыд æмбæрзæн... Зæххы бын уарæгау донæй Уайтагъд æрхуылыдз йæ бæрзæй... Цавæрдæр нарæг рæтты йæ Акодта мастер йæ фæдыл... Зæрдæ ныууæззау, ыздыйау, Бафæллад талынг къæпхæнтыл... Радтой йæм бырау уынынмæ, Æмæ нæ иннæтау тагъд-тагъд Авæрдта хохьт гуыбынмæ, Фæлæ йын йе уæнгтæ сцагъта, —292—
Хохы нæ куымдта ныхсын дæр... Æрдз дæр нæ разынд хæрз рæдау, — Къæдзæх йæ сæрмæ фæхсытæй Афаст æртхъирæнгæнæгау... Æхсæвы дудыдтой къухтæ, Уæнгтæ фæхтнадау рыстысты, Хъусты уынæргъыд æдзухдæр Хивæнд бырауæн йæ дыз-дыз... Сыздыхст-иу иннæрдæм базыл Æмæ-иу аныгъуылд сæнтты... Гуырдысты иугай йæ разы Кусдж’ыты хидвæд цæсгæмттæ... Р.ыг сыл ныббадти уæгъд нывтæй, Фæлæ, сæу-хурсыгъд тæппузтау, Цæстытæ, цæстытæ ’рттывтой, Худтыл конд лампæты рухсмæ... 4 Бахудти... Ауад йæ цæстыл Балцы фыццаг фæнды сахат... Зæрдæ ныццæвæг ныхæстæ, Удхайраг изæр фæстаг хатт... 5 Æхсæв — æнæхонгæ барæг — Тауы йæ сау нымæт комыл, Доны^æнæкæрон зарæг Дымгæ ыыппырх кодта комыл. Арвыл цæлхыдзаг фæлурс мæй Агуры ногæй йæ фысым... Сæрттывта цырæгъты рухсæй Кусæг хъæу хæхты хъæбысы... —293—
Адæм\сæ æхгæд хæдзæрттæй 'Ивьглынц уынгмæ фæоизæр, Хатгай цъæхснаг худты зæлтæй Хохаг рæууæлдæф нырризы... Мæнæ сæ æмбæлтты къордæй Аз’зад æртæ чызджы барæй... — «Уæртæ гъе...» — «Уый кой мын кодтай?..» — «Кæцыйæ зæгъут?» — «Умар’æй...» — «0,'уый бæргæ у... уæдæ дзы Хорз лæппу та (ма цы в’æййы... Хæрзтæ дæр а’рынц кæрæдзи,— Уарзы, дам, уæртæ Лубæйы». — «Чи у Лубæ та?» — «Чй? Уæртæ Ахуыргæнæг куы у...» — «Зонын... Зонын æй уый, фæлæ... Знон æм Курæг уыдысты æндæртæ...» Топпæхстау, фæстаг ныхæстæ Бахаста дымгæ Умармæ, Æмæ дыууæ уысмы (Ьæстæ Февзæрд йæ бæллицы дуармæ... Фæлæ, рæстæй цыма кæстæр Банкъардта карз цæф йæ русыл, Уыйау, «æгас цу»-йы бæсты, Ауад кæйдæр дзырд йæ хъусыл: — «Лубæ, дæу мæт кæиæм мах дæр,— Уый инжинер у, Умар та Рафтыдта йе уæнгтæ шахты, Хорзæй йæм уый бæрц цы ссардтай?.. —294—
Байхъус, дæхи зæрдæ ма сай!.. Уæдæ сæ аивдæр чи у? Сланбег — бæрз бæласау — асæй, Дунеты аргъ у йæ иу уынд!..» 6 Хъуыста йæ чындзы ныхасмæ Исдуг Лубæ дæр, ыстæй йын Загъта: «Нæ кæсын æз асмæ,— Царды сæр уымæй нæ вæййы... «Уый инжинер у!»— дæ хæлæг Бафтауид раст лæгыл худæг... Ахуыр V скæнгæйæ, фæлæ Ивæн нæй зæрдæйæн, удæн... Чи хæссы хи уд йæ армы, Уыдон нæ фæцæуынц шахттæм... Мæнæ... нæ кайаг Умар мын Иу бон цæйдæр тыххæй загъта: «Суайы фæл>мæн зæххы зокъо Æ<мæ нымбийы изæрмæ. Тулдз хуыскъ та айнæджы сæрыл Рæзы бæрзондæй-бæрзонддæр...» Мах фьщцаг фембæлды фæстæ Ууыл дызæрдыг нæ хъуыди,— Зонын æз — уыцы ныхæстæн Раст у æцæгдæр сæ хъуыды... Ардæм цæугæйæ фыццаг бон Иу гом автобусы сбадтæн, Йе ’дзаг уыд, æмæ мын радта Иу лæппу разæй йæ бадæн. —295—
Исдуг нæ куьшдтон, фæлæ мæ Не суагъта скæнын ныхас дæр... Иннæтæ кодтой хъæлæба. Уыдон, æвæццæгæн, раздæр Никуы уыдысты хæхбæсты... Лæгъз быдыр аззад нæ фæстæ... Фæндаг зынд разæй æндахау. Хатгай иæ хæд сæрмæ донæн Каст— цьима машинæ ахауд Мæнæ ныридæгæн коммæ... Хъуыстысты чызджыты «ах»-тæ, Къухтæй сæ цæстытæ ’мбæрзтой, «Цавæр Цъæй нæ хъуыди?—'Загътой,— Дард хъæуы лидзын хæхбæстæй!..» Иу лæппу — Сланбегау асæй — Сыстади чызджыты цæстмæ, Акъул-иу донырдæм разæй. Иннæ дæр слæууыд йæ фæстæ, Схуыстой кæрæдзийы барæй, Ома: «Сымахау нæ тæрсæм...» Схъæр кодта шофыр, ыстæй сæм Бакаст мæ хæрзтæнæг тарæй. Уымæй нæ хаудта ныхас дæр, «Ма тæрсут», — загъта ’рмæст махæн, Фæлæ бæрæг уыд йæ кастыл — Комы кæй нæ уыд фыццаг хатт... Уалынмæ тæккæ былгæрон Лæппутæй бахауд иу рулыл... Машинæ сонтæй фæкъул и, Загътам, æрхæццæ нæ кæрон... Чызджытæй чидæр (Ьыр тæссæй Сонтау ныггæпп кодта донмæ... —296—
Машинæ фенцад,.. — «Фæхæссы!..» — «Ласы йæ!..» — «Ахауд!..» — «Мæ боныл!..» Иууылдæр былы кæронæй Ниудтой йæ фæстæ æммуйæ... Уалынмæ ауыдтон доны Ме ’мбæлццон сабыр лæппуйы... Рахаста чызджы’... мæгуыр, уый Кодта тыхулæфт æрмæстдæр, Лакъон дон калди йæ хъуырæй, Цасдæр нæ ракаст йæ цæстæй... Лæппуйыл фæндагыл раздæр Ничи æрхаста йæ цæст дæр, Фæлæ ныр диссагау касти Чызджытæм доны удæстæй. Аххосаг хъалгонд лæппутæ Тарст цъиутау сысты йæ цуры. Иуы дæр удаист минутты Семæ нæ фæндыди дзурын... Уый уыд Умар... Æз фыццаг хатт Федтон уый уыцы’ фæндагыл... Мæн уæд мæгуыр чызджы ахауд Бафтыдта раст зонды уагыл... 7 Фæлæ Лубæйы ныхæстæ Нал фехъуыстысты Умармæ/ Ахуыры уайдзæфы» фæстæ Раздæхт, кæйдæр куывдæй тардау... —297—
«Уый инжинер у...» йæ хъусты Арыдтой уыцы ныхæстæ... Æмæ йæ царды фæлурс тын Ауад гæбазгай йæ цæстыл... 8 Йе стахт фæлваргæйæ маргъы Бадын нæ фæфæнды къохтыл... Суæвын кæй нæ фæндыд махæй Номдзыд фыссæг кæнæ дохтыр? Дард Хуссар, йе та Цæгатмæ Хъуыдыты чи нæ тахт, чи нæ? Кæцы нæ касти йæмадмæ Рагацау «зондджын инжинер»?.. Уарзта ныв кæнын Умар та... Уарзта: сæуæхсиды расырх Арвгæрон, ногбоны артау, Митсæр хох, Мæйы æнкъард сыгъд... «Ахуырмæ рæвдз у Умардзан, Уьпй нын Мæскуымæ цæудзæни, Амæндты хуыздæр ыссардзæн, Кадгæнæг Ирæн уыдзæни...» Афтæ-иу худгæ Азау дæр Йе ’взонг хъæбулнмæ хъазыд... Амоыд та разынд уæззаудæр... Амопд зындæр арæн разынд... Азгъордта, тарст бæхау, рæстæг... Мæнæ — хъыгрæхсæн æпдæхтау — Разлæр йæ сау хабар хæстæн, Стæй та йæ уæззау гæрæхтæ4..; —298—
Ахйцæн цардæй Азау дæр,— Бомбæйы згæ схъис ыл сæмбæлд... Саби — æнахъомæй саудар... Саби — йæ фыдæн куыстæмбал... Хæсты фæуд... Ахуыры азтæ... Мæнæ — фæстаг изæр хъæуы... Поезд... Æфсæддон æваст хъæр... — «Ахуыр...» Иæ зæрдыл æрлæууыд: Бонрæфты къанторы къулыл Уый нывгонд ног «Кæфхъуындарыл» Адæм нымбырд ысты, дзурынц... — «Диссаджы сæр ис Умарыл...» — «Сæр ’ма сæр у, фæлæ —къухтæ...» — «Къух дæр æнæ сæрæй ницы...» — «Бухмæгма бакæс—фæлухта Шахтерты фæллой, ныр ли’дзъг...» — «Дардмæ нæ фæлидздзæп...^ — «Бабын, Суд ын нæ бакомдзæн сайын...» — «Реш» та уæртджын хæфсыд бады, Раззæгты суры, кæс-ма ’йæм...» — «Науæд цы зæгъай Махарæй — Арахънызтæй та фæрынчын, Æмæ йæ дохтыр-хæларæй Цудгæ фæхæссы «больничный»... — «Ахæм. курдиатимæ исчи.. Номдзыд нывг&нæг ысуаид, Фæлæ уый шахтыл пыйичъи Фидар... Цы хæйрæг-æй сапы!?» 10 «Курдиат^» «Нывгæнæг...» йæ сæры Гуырдысты скъуыддзаг хъуыдытæ... —299—
Сусæг тигъ царды къæсæрыл! Ды’, уæд йæ размæ ды уыдтæ... Фæндтæ нывæзтысты халгай... Уый уыд фæстаг изæр хохы... 11 Фестъæлфт Умар, —цыма хъалæй Федта зæрдæсудзæн рох фын... Систа лæмбынæг тыхт гæххæтт, Аджих йæ дыккаг æмбисмæ... Уый уыд Мæскуымæ фыццаг хатт Уымæ Лубæйы фыет писмо... ...«Зæрдæ рысти... Фæлæ скъуыйæд... Цин æз дæу тыххæй фæкæнын... Ды ныр уыдзынæ мæскуыйаг... Ды ныр уыдзынæ нывгæнæг...» .. «Исчи куы ’рцæйцæуы’ шахтæй Кусæн цъæх кæттаг фæлысты, Хат.гай уæд аззайын сагъдæй, — Цыма ды здæхыс дæ куыстæй...» Писмойæн йе ’нæфыст фарсыл Хъавгæ Умары къух разылд... Писмойæн йе ’нæфыст фарсыл Кърандасы рог фæдæй разынд: Уарзон цæстыты’ фæлмæн сыгъд... Цардбæл фæтæн ных сæ сæрмæ... Сабыр, зæ|рдæбын хъæлæсæй Базарыд доны сæр-сæрмæ: —зоо—
«Æвзист-фынк хæсгæ къæдзæхы фæхстыл Ызгъоры суадон цъитийы хъуырæй... Лæджы хорздзинад зæрдæйы ’мбæхст и, Уарзондзинад та зæрдæйæ гуыры... Иæ нарæг кæмтты къæйбын Къасара Сæрæн бæлццæтты бæрзæндтæм хоны... Æцæг уарзонад чи нæ бавзара, Уый царды адæн ницы фæзоны... Æз урс мæнæргъы никуы бахордтон, Æмæ хъæлæрдзы мæ зæрдыл лæууыд... Æз сау цæстытыл зарджытæ кодтон, Афтæмæй та дын цъæх цæстытæ уыд...» —301 —
ÆРТÆ НЫХАСЫ (Аргъау) Иухуызоы нæ вæййы аргъау — Иу ран лæг фæтæхы маргъау, Йе та ’хс.арджынæй.зæххыл Свæййы уæйгуытимæ хыл. Иннæ ран æмбæлы хурыл, Кæнæ хуры чызджы куры, Фæлæ мæйæн дæр йæ фырт Уæгъды уадзы, цы, йæ дзырд?.. Гъе, фæлæ нæ аргъауæн Зæххæй нал пс ахауæн,— Уый æцæгдæр у æмæ, Курын, байхъусут мæпмæ. 1 Чи зопы — цæй бæрц ыл рацыд?.. Фæлæ иу æрæгвæззæджы Дардмæ рафæпд кодтой балцы Дыууæ хъæздыг лæджы. Уæд сæ сыхаг дæр, — мæгуыр лæг Ссмæ сфæнд кодта. Мæгуырæг, Уыд æм мин сомы æрмæст,— Хидвæллойæ сьм фæхæст Æмæ загъта: «Кæд сахарæй Фос æрбаскъæрин асламæй...» —302—
Не ’рбадт æхсæвы æнцад, — Кодта хъæздгуытæн лæггад. Райсоммæ цы хъуыди балцы — Хосæй уа, хæрдæй уа, нозтæй — Уæрдæтты цæттæ уыд алцы, Бæхтæ цæфхæдтæй зæхх хостой. — «Цом!» — сыхаг сыхагмæ сдзырдта, Бæхтæрæг йæ ехс стылдта. Згъордтой хъалхаст бæхтæ цырд, Дард сахармæ уыд сæ цыд. 2 Чи йæ зоны — цас цыдысты, Цас |цыд верстытæй сахармæ?... Фæлæ иу бон бахæцнæ сты Иу æмбисонды базармæ. Ам хæринаг, дзаума, фосæй — Ис æппæт — цы хъæуы хсрзæй, — Хъама, ’взист идон бæхæн, Тохъыл... алцыдæр —æлхæн! Хъæздыг лæгтæ аргъ лæвæрдтой Æмæ аккаг фос æлхæдтой. Мæгуыр лæг та зилы, зилы, Йæ мин со1мы йæ къухы тильг. Уалынмæ дын æм æваст Чидæр бавнæлдта, — фæтарст, Ракаст æм, — уыны йæ цуры — Иу лæг ын йæ хъусы дзуры: —303—
— «Кæд æлхæныс ды, мыййаг,— Хорз ныхæстæ ис <уæййаг, Не сты, баууæндмыл, зынаргъ,— У мин сомы æдæппæт с’аргъ». Мæгуыр лæг фæтарст фæлхасæй; — «Æз цы скæндзынæн ныхасæй?!»— Загъта, ’мæ фæцæуы дарддæр... Фос — зынаргъ... Кæны æнкъарддæр... Йæ аккат базайраг нæ ары, Йæ мин С01мы йæ къухы дары. Уалынмæ та наг йæ цуры Уыцы лæг лæууы ’мæ дзуры: — «Кæд æлхæныс ды, мыййаг,— Хорз ныхæстæ ис уæййаг, Не сты, баууæнд мыл, зынаргъ,— У мин сомы æдæппæт с’ аргъ». Мæгуыр лæг та бацыд дисы, Иæ мин сомы зынтæй æвдисы... Стæй æппынфæстат зæгъы: — «Зонын æй — кæй сайыс ды; Æз мæ рæдыдыл сæттын,— Лæвар дын мин сомы дæттын. Зæгъ, дæ ныхæстæ цы сты? С аргъ дын гъа, фæуæд фысты». — «Хъус уæдæ. Фыццат дæ курын,—■ Райдыдта уæйгæнæг дзурын. — Цæугæйæ дын æхсæв фæндагыл Фысым зæгъæг куы фæуа кадыл, — Сæххæст ын кæ уæд йæ дзырд,— Зон, нæ уыдзынæ рæдыд. —304—
— Дыккаг та,—дзырдта дæвдаугæ,— Куы фенай адæймаджы фаугæ, Хъус, фæдзæхсын дын уæд æз — Фауæлмæ-иу азым хæсс! — Æртыккаг,— дзырдта уый дарддæр,- Иухуызон нæ хæссы цард дæр,— Лæг мæсты кæнын дæр зоны, — Хъамайæ лæджы цард тоны, Макуы бакæн афтæ сонтæй,— Уæд фæхицæн дæ дæ зондæй. Рахиз къухæй кард куы ’лвасай,— Галиуæй йæ хъуамæ ’рцахсай! Гъе уыдон дын — мæ ныхæстæ... Дзæбæхæй фен дæ хъæубæстæ!» Мæгуыр лæг дæр уырдькгæй Рафардæг сæргуыбырæй... Кæсы ’мæ дын йе ’мбæлттæ Рацæуынц æд рæгъæуттæ, Араст та и уый дæр семæ, Нал уыд сагъæсæй йæ чемы... 3 Дард, хæстæг — цæй бæрц цыдыстыг Уый зындгонд кæмæн у абон?.. Фæлæ мæнæ бахæццæ сты Иу зæронд хъæумæ фынафон. Рацыд иу лæг ам сæ размæ Æмæ сæ ’рурæдта ныхасмæ, — «Мидæмæ, — фысым уыдзыстæм,— Загъта,—суазæг уæ кæндзыстæм, Боны рухсыл та уæнлрогæй Дардзыстут уæ фæндаг ногæй». -305—
Буц уыд хъæздгуытæн сæ зæрдæ, Бакодтой æмтылд сæ сæртæ: — «Къонамæ хæссаг у къах,— Стыр бузныг, цæудзыстæммах». Мæгуыр лæг нæ сайдта дзырд Æмæ фысыммæ фæцырд: — «Æз — разы, хорз лæг, дæуимæ; Не ’хсæв арвитдзыстæм иумæ»... 4 Цы фесты хъæздгуытæ, кæм сты — Ничи ’вдисы уый йæ фысты, Нæй нæ чингуыты сæ кой, Фæлæ аргъауы дзырдтой: Зæгъгæ, сын къæрных музугтæ Астыгътой сæ фосьг дзугтæ Æ^мæ афтид уæрдæтты Схæццæ сты сæ хæдзæрттæм. 5 Мæгуыр лæг йæ фысымимæ Архайдтой сæ дзаг фынгимæ. Стæй фæкомкоммæ æваст — Фæсдуар арс — рæхыстæй баст... Уазæг фысьимы æрфарста: — «Циу уæд фæсдуар уыцы арс та?» — «Уый, мæ хæлар, у мæ фырт,— Фысым загъта дзуаппы- дзырд,— — Уый нын райгуырди хъæбулæн... Сбастам æй... нæй йын лæбурæн...» Мæгуыр лæг та бацыд дисы, Пака худ йæ сæрæй исы: —306—
— «Нæ дæн æппындæр æз дæ фарс; Куыд райгуырд адæймагæн арс?!. О ’Хуыцау, табу, табу! Кæд гуыринаг уыд лæппу, Уæд ныртæккæ ам нæ цурьи Махау не ’взагæй ысдзурæд!» йæ дзыхæй дзырд куыддæр схауд, Афтæ арсы цъар æрхауд 'Мæ йæ хуылфæй рахызт цырд Раст ыстдæсæмаздзыд гуырд, Хуртæ, стъалытæ дзы каст, Уыд бæзæрхыг, уыд цырддзаст. Фысьштæ — лæгæй, æфсинæй Зæххыл нал хæцынц фыр ципæй. Мæгуыр лæгæн та рæгъæуттæ Райдыдтой кæнын лæвæрттæ. Æмæ уый дæр мулк, цытимæ Сфæнд кодта цæуын сæхимæ. 6 Згъордтой хъалхаст бæхтæ цырд, Дард хъæубæстæм уыд сæ цыд. Ластой семæ — хойраг, нозт, Барджытæ ыскъæрдтой фос. Цас рацыд — зындгонд нын нæу, Фæлæ мæнæ ’рбазынд хъæу, Мæнæ не сгуыхтæн йæ хæдзар,— Цинæй <ма зæххыл куыд хæца!.. Бауад мидæмæ... йæ ус та Кодта иу лæгæн хъæбыстæ... Рафыхт, фелвæста йæ хъама: —307—
— «’Наккаг! Кæс дæхимæ, гъа-ма!—« Стæй фæхъуыды кодта дзырд Æмæ галиу къух фæцырд... Нал амардта уьим йæ усы, Абон дæр цæры ’мæ куськ Уыцы лæг та уыд йæ фырт ’Мæ йæ нал базыдта фыд. Ацы цау æрцыди раджы... Лæг æртæ ныхасы руаджы Не ’руагъта рæдыд кæддæр, Фæлæ, ’мбалтæ, царды уаджы- Уыдон бахъæуынц ныр дæр. —308—
ДОСАБИ Аргъау Цард Досаби. Нал уыд саби, Фæлæ аккаг ми нæ зыдта, Æмæ даргъ сæрддон бон саппыл Мардта хурварсмæ бындзытæ... Æмæ хур куы ныттылд къулæй Иу бон, уæд бынтон фæныфсджын Æмæ саукæрон цыргъ дурæй Зулмæ æхсныфыл ныффыста: «Нал у саби ныр Досаби, Артмæ нал бады кæрдзынгæс, Тохы саубазыр æфсадæй Мары иу цæфæн æртындæс!..» Фыст хъуыд искæмæй^æмбæхсын, Æви цы’— бæлвырд нæ зыдта, Фæлæ, «лас æй,»— зæгъгæ, æхсныф Арф цæугæдонмæ нывзылдта... Дард ран паддзахы æфсæдтæ Æхсныф донгæрон æрцахстой Æмæ йæ, болат тыхсæттæн Кардау, паддзахмæ фæхастой. Паддзах йе знæгты лæбурдæй Кодта къорд азы тæссаг рызт —309—
Æмаэ схъæлдз&г,—цыма фурд’æй Рахызт ирвæзæн фæстаг ныфс. Уайтагъд агурæг фервыста Уый йæ кадджындæр æфсады, Æмæ дыккаг’бон пырхдысæй Уыд йæ галуаны Досаби. — «Мæнæ, — баппæрста йæ схуыстæ* Хистæр паддзахы æфсæдтæй,— Мæнæ ис, фæлæ кæй фыста, Ууыл хивæндæй нæ сæтты». — «Æз,—дзырдта Досаби тагъд-тагъд,- Æз ныффыстон, фæлæ...» — «Зонын — Айста йын йæ ныхас паддзах,— Дзурын нæу пайда хæстонæн. Æз мæхицæн ныфс æвæрын — Дæу мæныл æруагътой зæдтæ,т- Райсо^м раст кæнын дæ бæрны Æз мæ равзаргæ æфсæдтæ». Стæй гæрзифтопгæй Досаби Урс бæхыл сæ разæй арарт, Æмæ йæм æргъæу фæрсагæй Паддзах радзырдта: «Фæндараст!..» * * * Æфсæддоытæн уыд фæдисхуыз,— Тарстысты сæхнлæн сайдæй, Фæлæ дыккаг бон сæ дпсæн Фесгуыхт фæндагыл Досаби: —310-
Иу ран хъамылы гæпп-дугъæй Бæх йæ зонгуытыл фæсаджил, Æмæ фарсырдæм йæ къухæй Бахауд тæрхъусыл Досаби, Фелвæста йæ йемæ зæххæй... Æмæ паддзахмæ ныхъхъуысти Цау: Досаби, дам, уæлбæхæй Ахсы удæгас тæрхъустæ!.. * * * Бон_ма рацыдаид, афтæ Знаджы горæтмæ хæрзхæстæг Æфсад иу æрдузмæ бафтыд, Ирд цæугæдон уад сæ рæзты... Æмæ кæд æцæг — куыд фыстай, Афтæ — разынай хъайтар лæг, Фенон ме знæгты зынгхуыстæй Æмæ нал уа мæн хъыгдарæг. Уæд дæ ном уæлæуыл зайдзæн, Ме ’мсæр суыдзынæ, цæвиттон, Нæ,— уæд паддзахы фæсайдтай Æмæ уæд дæ сæр дæ фиддон!..» Бацыд катайы-Досаби... Стæй уæд загъта: «Хæст пæу хъазын,--^ Тохмæ рацæуæг æфсадæн Æз уæлдай ныхас нæ уарзын, Æмæ де ’фсæдтæн ратт бардзырд: Ме змæлд, ме ’внæлдмæ куыд кæсой, Æмæ тохы кæнæ балцы Мæн æнæсдзырдæй куыд фæзмой. —311 —
— «Хорз уæд,—загъта паддзах,—афтæ!.> Æ’мæ дыккаг бон сæугъуыстæй Уыд Досабийы уынаффæ Тохифтонг æфсæдтæн хъуыстгонд. Æмæ ’рымысыд Досаби — Уый æнæ мæт æмæ мастæй Донгæрон куыд бадти саппыл, Хурмæ бындзыты куыд ахста... Иу ран фæзилæммæ бараст, Рахызт былгæрон йæ бæхæй, Æрхы раласта йæ дарæс Æмæ, раздæрау, бæгънæгæй Бындзытæм фæци кæсыныл... Æфсæдтæн дæр уыд дзырдарæзт Уый кæмдæриддæр фæзмыныл Æмæ фелвæстой сæ дарæс. Раст гъе уыцы уыом тæркхъусæй Фелвæста кæйдæр егар куыдз Цырд Досабийы тæрхъусьг Æмæ горæтмæ ныййарци... Уый куы ауыдта Досаби, Уæд фæуагъта уым йæ гæрзтæ Æмæ сау бæгънæгæй, сайдау, Бæхыл асхъиудта йæ фæстæ. Æфсæддонтæ дæр фыр дисæй Бакалдысты -рæвдз сæ бæхтьтл Æмæгомбуарæй фæдисьг Фесты уайынмæ йæ фæдыл... —312—
Хус рыг комытæфы зади Æм’æ мигъау бадт сæ фæстæ, Афтæмæй рæхджы Досаби Знаджы горæтмæ ныххæстæг... Æмæ байхъуысти фыдæвзаг: Зæгъгаё, цавæрдæр дæлимон Згъоры горæтмæ æд æфсад, Зæхх йæ фæстæ калы пиллон, Зæгъгæ, ’вæццæгæн Хуыцауæй Фестæм истæмæй æлгъыстаг... Æмæ ’нæнхъæлæджы цауæй Адæм удайстæй лыгъдысты. Æфсад фидæрттæ ныууагътой Æмæ бафснайдтой сæ сæртæ... Марзта хæйрæджы æбуалгъ кой Уадау горæты къæсæртæ... Æмæ даргъ уынгтæм куы бафтыд Йе ’фсæддонтимæ Досаби, Горæт уæд бынтон уыд афтид, Цыма халерæй фæсади... Æмæ паддзахыл æмбисбон Сæмбæлд цинады фæдисон: Зæгъгæ, — «Ацал-ауал азы Ахстау чи фæдардта тасы Дæу æмæ дæ сахъ æфсады, Хъалон чи фæиста махæй,— Уыцы стыр горæт Досаби Бацахста æнæ гæрахæй!..» —313—
Паддзах, фервæзæгау, сыстад Æмæ бардзырдты гæххæттыл Ставд йæхи къухæй ныффыста: Зæгъгæ: «Паддзах, æз мæхæдæг, Домын: абонæй фæстæмаа Уæд кæмдæриддæр Досаби Ме ’мсæр, ме ’мтугыл фыст æмæ Раздзау паддзахы æфсадæн!» Уый уыд аргъауы, мæ хæлар, Æмæ аив нæу дæ мæсты, — Кæд дæ зонгæйы æфхæрын, Йе дæхæдæг дæ къæмдзæстыг, Дæу нæ фæнды кæд æууæндын Мысгæ аргъауы ныхæстыл,— Искуы, чи зоны, дæуæн дæр Кæд «дæ сины саст фæрæстмæ...» —314—
.ЭПИГ-РАМ??ÆТÆ МÆРЗОЙТЫ СЕРГЕЙÆН «Бон цæуы æмæ фарн хæссы», зæгъгæ, уыцы чиныджы тыххæй райста Къостайы преми. Иæ нннæ чннгуытæй иу хуынди «Мæ сæфт хуры хай», иннæ та — «Нæ кæрæдзи- йæн исчи стæм?» Мæ сæфт хуры хай афæрсы: «Ног та преми исдзыстæм?» — Бон цæуы æмæ фарн хæссы — Нæ кæрæдзийæн исчи стæм?! —315—
® ® БИЦЪОТЫ ГРИШÆЙÆН Йæ фыццаг чиныг хуыйны «Цæргæс тæх~ гæйæ фидауы», дыккаг та — «Мæхи ном уынг нæ зæгъын». Мæ хор уæларвыл не ’рзади, Фæлтау уал кусон а зæххыл... Мæ цæргæс рæстмæ не стахти Æмæ уын мæ ном нал зæгъын. —316—
@ ЦÆРУКЪАТЫ ВАЛОДЯИÆН Йæ чингуытæ хуыйнынц: «Диссаджы ха- бæрттæ», «Сындзыхъæуккаг Хъячихан», «Боныцъæхтыл зындзынæн». Æрæджьг йын Мæскуыйы рацыд ноджы «Уасджытьг хъайлæба». Сындзыхъæуæй рараст дæн, Бонмæ, зæгъын, зындзынæн... Лиссаг фыссæг уыдзынæн, Уый чи зыдта раг-азтр... Мæ уасджыты хъæлæба Ныр фæхæццæ Мæскуымæ... Бæргæ ’мбулынц, фæлæ ма Февнал лирæйы сгуымæ! —317—
•®- ■® МАЛИТЫ ВАСОЙÆН Иæ чингуытæ хуыйнынц: «фат æмæ ’рдын», «Мæйрухс æхсæвтæ», «Æнусæй— æнусмæ». Ирон театры цыд нæ пьесæ «Калм æмæ хъисфæидыр». Мæйрухс æхсæвты хъисфæндыр æрфынæй, Мæ пьесæ не ссыгъд, фæлæ ссыгъд йæ рухомæ Нæртон зарæг! Мæ «фат æмæ æрдынæй» Æз калмы ’взæгтæ стондзынæн æнусмæ!.. —318—
м— РАДЗЫРДТÆ
@- ’® ЦÆВÆГ Уыд ногбон æхсæв. Мæскуыйы уынгтæ нысса- быр сты, рæстæгмæ сæ улæфт фæуромæгау. Цæ- уын афон нал уыд, æмæ троллейбустæ базыр- уатъд æргъæвст цъиутау тигъыл ныдздзыгуыр сты. Хæрог миты хъæпæнтæ чысыл парашюттау зилдухгæнгæ æвæндонæй хаудтой урс-уроид фæл- мæн зæхмæ. Мах кастыстæм фæндзæм уæладзыджы балкъо- нæй. Уыдыстæм уазæгуаты ме ’мбалы хомæ, чы- сыл раздæр сыстадыстæм фынгтæй æмæ рацыдыс- тæм сыгъдæг уæлдæфæй аулæфынмæ. Ме ’мбал дзырдта, æз бирæ хæттыты кæй фехъуыстон, ахæм хабар. Фæлæ ацы æхсæвы хуызæн сабыр рæ- стæг алы ныхас дæр зæрдæмæ тынгдæр фæхъары, стæй мын æхсызгон вæййы, Ладемыр уыцы хабар куы æрхъуыды кæны, уæд æфсьгмæр æмæ хомæ кæсын. Дыууæйæн дæр ахæм хуыз вæййы, цьша та лæппу ногæй авдаздзыд сси... Ладемыр дзырдта, йæ хо йæ чысылæй горæтмæ куыд акодта, уыцы хабар... Цæвиттон, йæ цæуыны размæ йын се сиахс рад- та дыууæ туманы, дæхицæн дзы-и,у исты балхæн, зæгъгæ. Лæппу фæзылд дуканитыл (кæй зæгъын æй хъæуы, искæимæ, фæлæ уый кой нæ фæкæны). Бирæ цæмæдæрты æхсайдта йæ зæрдæ, фæлæ дзы ба^хæнын йæ цæст ницы уарзта. Уалынмæ иу ран йæ цæст æрхæцыди стыр хъу- .лон портийыл æмæ сагъдау баззад лæугæйæ. Уай- —320—
тагъд ахъуыды кодта, сæ сыхы лæппутæ бон-изæр- м’æ сæ дуармæ куыд æмбырд кæндзысты: «Лади, рахæсс-ма дæ хъулон порти, мæнæ дзы кæрты гыццыл ахъазæм». Уæлдаидæр та къуырфцæст Уырызмæг, — йæ хъæдын къори йæм хъазынмæ нæ фæдæтты<! Иæ цæстытыл ауад, порти йæ хъулон фæрстæй хурыæ æрттивгæйæ хæрдмæ куыд фæцæйтæхы!.. Ладемыр нывнæлдта йæ дзьшмæ, фæлæ уайтагъд йæ цæсгомы хуыз аивта: дуканигæсмæ куы ба- каст, уæд къулыл ауыгъдæй ауыдта дæргъæй- дæргъмæ фæтæнком цæвæг. Иæ зæрдыл æрбалæу- уыд, баба йæ нарæг цæвæг хъæсдарæгыл цæгъд- гæйæ куыд фæмæт кæны, йæ ком баихсыд æмæ ницыуал кæрды, зæгъгæ... Цы нæ хъуыды февзæрд Ладемыры сæры: ба- байæн ацы цæвæг куы ныххæсса, уæд ихсыд цæвæг та уымæн ратдзæн, æмæ йæ хоскæрдынмæ дæр акæндзæн йемæ. Афовмæ сæ бур хъуг ныззад æмæ йын, чи зо- ны, уый род дæр радта. Фæлæ уæлдай æхсызгон- дæрæй йæ цæстытыл уайы’, баба куыд цин кæн- дзæн цæвæгыл, уæлдапдæр та йын æй йæхи лæп- пу кæй балхæдта. «Ай бабайы лæппу у, бабайы лæппу!» — зæгъдзæни, йæ уæрджытыл æй сæвæр- гæйæ! Раст зæгъын хъæуы, иу цины хъуыды ма фев- зæрди йæ сæры: портийы аргъ дæр ма дзы кæд баззаид йæ дыууæ тумапæй! Фæлæ йын дуканигæс куы загъта, нудæс сомы æмæ дыууæ суарийы у, зæгъгæ, уæд æм сæ гуы- рысхогæнæгау балæвæрдта. Поезды дæр æй йæ къухæй цух нæ уагъта. Йæ хъæбысы пæ банорста гæххæтты хъарм’ тыхтæй æмæ йæхи рудзынгмæ æнгом балвæста... Зæххæп цыма йæ цъар фæхицæн, уыйау лæбыр- 11 Уацамонгæ —321 —
ди цæлхыхы бынæй. Телыхъæдтæ чи фæраздæруа- йæ кæрæдзийы фæдыл згъордтой поезды. фæрстьи Ладемыр сæ нымайыныл фæци: иу, дыууæ, æртæ... Сæумæцъæхæй схæццæ Ладемыр сæхимæ. Тæ- хы хъæуы уынгты, кæрдæджы æрттиваг æртæх йæ къахфындзтæй пырхгæнгæ. — Баба, баба! Рахызт баба кæрты дуарæй йæ мидбылты фæлмæн худгæ, сабыргай дыууæрдæм адаудта йæ. даргъ урс рихитæ. — Баба, цы цæвæг дын балхæдтон! — баппæр- ста йæм йæхи Ладемыр. Фæлæ кæсы æмæ йæ къухты ницы... — Мæ цæвæг! Мæ цæвæг поезды баззад! — Ныккуыдта йæ хъæлæсы дзаг æмæ фæс- тæмæ згъорынмæ фæци поезды фæндашæ. Згъо- р.ы, згъоры Ладемыр йæ тых-йæ бонæй, фæлæ, зæхх лæбыры йæ къæхты бын æмæ йын йæ мид- бынатæй размæ не ’нтысы. Хъæр кæпы цыдæр, фæлæ йæ хъæр уæлæмæ нæ хъуысы!.. Уалынмæ ныййазæлыд поезды цъæхснаг æхситт. Ладемыр хæрдмæ фæхаудта. — Цы кæныс, цы, истæмæй фæтарстæ? — фæ- дис кодта хо, лæппуйы ныхыл хид куы сабузта, стæй йæ рустыл цæссыгтæ куыд æрттывтой, уый куы федта, уæд. — Мæ ц...—сцæйдзырдта Ладемыр, фæлæ йæ цæвæг æнгом æлвæстæй хуыссыд йæ хъæбысы. Æмæ уæд æфсæрмхуызæй йæ цæстытæ иннæрдæм азылдта... Иу цасдæр пичи ницы дзырдта. Æвæццæгæн, ацы хуьгмæтаджы хабар ацы хатт сегасы зæр- дæтæм дæр бахъардта. | — Ладе бинонты кæстæр уыд æмæ йæ не ’ппæт дæр уæлдай фылдæр уарзтам, — æхсызгон улæфт ныккодта нæ фысым. — Уæ фыдьг цымæ искуы бауырныдтаид, йæ —322— "
чызг Мæскуыйы хуыздæр дохтыртæй иу, йæ фырт- тæ хъуыстгонд инженер -аэлгæ-’журтпгяя-ет—суыдвыс- ты, уый?—загъта фæрсæгау не ’мбæлттæй -иу. — Иууылдæр уый фыдæбæтты фæрцы сты... — бафиппайдта æнкъардхуызæй Ладемыр. Æз хъуыды кодтон мæхи фыдыл. Мæ цæсты- тыл ауадысты йæ куыствæллад скъуыдтæ армы- тъæпæнтæ. Куыд æхсызгон-иу уыди уыдон æрбан- дзæвд. Кæнæ йæ дæрзæгдаст уадултæ! Æз-иу сыл барæй мæ рустæ рахаф-бахаф кодтон! Цытæ фе- рох кæны хаттæй-хатт адæймаг! Тынг мæ æрфæн- дыд Ирыстоны фестын, бæрзонд дидинæгджын уыгæрдæнты алæгæрдын. Миты зилдухгæнæг хæм- пус тъыфылтæ мæм фæкастысты ^кæрдæгыл зæ- бул æрттиваг æртæхы фæрдгуытæ. Бафæндыд мæ сæ базмæлын кæнын æмæ дзы мæхицæн фæндаг айгæрдын.
ф СЫРХ ДЗАБЫРТÆ Ныр, экзаменты фæстæ, Уырызмæгæн йæ бон" уыд йæ зæрдæйы фæндиаг фæфынæй кæнын, æмæ гимны зæлтæ куы фæсабыр сты, уæд тæнæг хъæц- цулы бын йæхи адджын норст æркодта. Фæлæ уай- тагъд йæ зæрдыл æрбалæууыд, йæ хо йæм, жи- кеткæ мын балхæн, зæгъгæ, кæй фыста, стæй ма йæ поездмæ билет райсын кæй хъуыди, уый æмæ зивæггæнгæ хуыссæнæй рахызти. Иæ зæрды уыд раздæр ГУМ-мæ жикеткæ æл- хæнынмæ бауайын, фæлæ автобусы куы сбадт, уæд йæхиуыл фæхудти. «Цалдæр азы Мæскуыйы фæцæр æмæ, ГУМ цасыл байгом вæййы, уый ма зон», — ахъуыды» кодта йæхинымæр. Йæ бацыдмæ дукани кусын нæма райдыдта. Ас- тæуккаг бацæуæнмæ дыууæрдыгæй дæр лæууыд стыр очырыдтæ. — Сылгоймаджы жикеткæтæм кæцырдыгæй æрлæууын хъæуы? — бафарста Уырызмæг, бацæ- уæпы> цы милиционер лæууыд, уый. Фæлæ уыцы рæстæг дуар байгом æмæ йæ адæмы уылæн йемæ дукамимæ бахаста. Уырызмæджы фæидыд, кæцырдыгæй цы уæй кæнынц, уыдон амопæг фыстытæм скæсын, фæлæ адæм рахизырдæм асинтыл хæрдмæ ныххæррæтт кбдтой æмæ йын фезды’хсæн нал фæци. Аспнты астæумæ куы схæццæ, уæд ауыдта, иу лæппулæг йæ къухтæ тилгæйæ — «Фæлæуут!» — зæгъгæ, адæммæ куыд хъæр кодта, уый, фæлæ лæг уай- —324—
тагъд фæцыдæр, æвæццæгæн æй фæстæгтæ семæ рахастой. Кæм лæууыд, уырдыгæй райхъуыст сы- вæллоны кæуын,—иу-цыппараздзыд лæппу тарст цъæхахстгæнгæйæ хылди адæмы къæхты æхсæн- ты’. Уырызмæг йæ цурмæ куы бахæццæ, уæд йæ къæхтæ асины къæпхæнмæ фæбыцæу кодта, йæ фæ- стæ чи цыд, уыдоныл, йæ бон цы уыд, уымæй ахæ- цыди æмæ, чысыл куы фæцудыдтой, уæд сывæл- лоны йæ хъæбысмæ фелвæста. Фæлæ та йыл ног ахæцыдысты, йæ къах цæуылдæр фæхæцыд æмæ асинтыл бахаудта. Сыстынмæ куыд хъавыд, раст уыцы рæстæг кæйдæр цыргъзæвæт сырх дзабыр æрцæйлæууыд сывæллоны сæрыл. Уырызмæг æм фæлæбурдта, йæ тых-мæ бонæй йæ иуварс асхуы- ста, йæхæдæг сывæллоны рæбынырдыгæй фæкод- та, афтæмæй йæхи къулмæ нылхъывта... Адæм æрсабыр сты. Уырызмæг сыстад, сывæл- лоны йæ хъæбысмæ систа æмæ йæ сабыртæ кодта, ныртæккæ мамæйы ссардзыстæм, зæгъгæ, уый раз- мæ сывæллон «мамæ», зæгъгæ, кæй хъæр кодта, уымæ гæсгæ. Йæ алыварс иу къордæй æрбамбырд сты, фар- стой йæ цæмæйдæрты. Фæлæ сын Уырызмæг сæ ныхæстæй иу дæр нæ бамбæрста: йæ хъустæ гуыр- гуыр кодтой, æвæццæгæн, куы ахауд, уæд йæ сæр асинтыл ныццавта. Æрбахæццæ урсдзаумаджын милиционер æмæ, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый куы« бамбæрста, уæд рæвдзгомау асинтыл уырдыгмæ нызгъордта. Уырызмæг сывæллопы æрæвæрдта æмæ йын йæ рыгтæ цæгъдынмæ куы æргуыбыр кодта, уæд йæхицæй чысыл æддæдæр дæлгоммæ фæлдæхтæй ауыдта, сывæллоны сæрыл чи æрцæйлæууыди, уы- цы цыргъзæвæт сырх дзабыр: æвæццæгæп æм куы фæлæбурдта, уæд йæ хицауы къахæй фæхау- ди. —325—
«Иæ.дзабырмæ;дæр нал^фæкаст, . мæгуыр...»%г~ •ахъуыдьь кодта йæхинымæр. . - . ;Чышл. фæстæдæр æрбахæццæ сты урсдзау- •маджын 'Милициодер,, æмæ,, дыууиссæдз азы кæ- уыл.цыдаид, ахæ'м,бæрзондгомау, тыппыр ус. Сыл- •гоймаг цыдæр тыхст узæлæгхуызæй тырныдта чы- •сыл лæппумæ. Иæ цурмæ куы бахæццæ и, уæд, -йæ рахиз къухы цы дыууæ ног сырх дзабыры уыд, уыдон (йэе сумкæйы сæр авæрдта æмæ сы-вæллрны ■йæ хъæбыомæ æрбайста, Уырызмæг фæкомкоммæ дзабыртæм, стæй йæ цæст ахаста, асины къæпхæныл дæлгоммæ цы дза- быр хуыссыд, ууыл: .уыдон уыдысты иу халдих, -æрмæст сидзæр дзабыр уыд чысыл дæрдджын. «Цымæ уыцы дзабыртæ æлхæдта?» — ахъуыды кодта цæмæдæр гæсгæ-Уырызмæг, асинтыл уыр- •дыгмæ цæугæйæ. Дуканийæ куы рахызти, уæд йæ хъусты гуыр-гуыр йæ зæрдыл æрлæууыд æмæ æдзынæг ныхъхъуыста уынджы уынæрмæ. «Сове- тон Цæдисы абоны цæрæг адæм уыдзысты комму- нистон æхсæнады цæрджытæ», — дзырдта радио. Уырызмæг ма иу чысыл байхъуыста æмæ, йæ хъус- тæн ницы уыд, ууыл куы баууæндыди, уæд автобу- сы лæууæнмæ фæтагъд кодта.
» ТÆЛМАЦТÆ
@; ■& ЗÆРОНД ХУССАЙРАГ ПОЭЗИЙÆ ^ ж ш ж ж, з^ Хъыгæй дæр сау фæзцæг куы гуырид, Уæд лæг.-зæххыл лæджы нæ уынид... ж ж зк Дунейы сæфт — уыг бады Уасæджы бынаты!... —328—
@ @ САБИ АВДÆНЫ (Шиллерæй) Амондджын саби! Уый хъазы дзæбæх, Авдæн дæр уымæн — Парахат, уæрæх, Фæлæ ысуыдзæн Уый азтимæ лæг, Æмæ йæм дуне Фæкæсдзæн къуындæг. —329—
1 з1,1 (Бархи тæлмац Гейнейæ) Сымах мæн арвæрттывд фæхонут, Фæзæгъут— æз нæ дæнæрвнæрд, Фæлæ фæрæдидзыстут, — зонут, — Мæнмæ"ис ахæм тых лæвæрд. Уырнæд уæ, уыцы бон æрцæудзæн, Рæстæг æрлæудзæии бæлвырд,— Мæ хъæлæс арвнæрдау ныннæрдзæн, Æрвдзæфау агайдзæн мæ дзырд! -•—330—
ЛЕНКГÆНÆГ (МицкевиЧæй) Куы фенай — саст бæлæгъ куыд хæссы Иæ разæй абухгæ уылæн, Æнкъардæй ма кал уæд дæ цæссыг, Дæ зæрдæ ма риссæд дæуæн. ...Цы у, былгæронæй кæсгæйæ, Кæугæйæ карз цæфты нымад?.. Фæлтау тымыгъимæ хæцгæйæ Дæ фæстаг улæфт тохæн ратт. —331—
®' МИГЪТÆ (Лермонтовæй) Мигътæ, уæларвон æнусон фæндаггæттæ! Ирдгæ цыргъ рæхыстæй арвы рæсугъд буарыл Згъорут сымах дæр раст ме ’мхуызон тард лæгтæ Уарзон цæгат-бæстæй дард бæстæ — хуссармæ. Чи уæ тæры, цымæ: хъысмæты бафæндыд? Сусæг хæлæгдзинад, мастæйдзаг дзагъултæ? Æви зылын фестут исты фыдракæнды? Æви уæ сурынц уæ хæлæртты дам-думтæ? Нæ, уый æнæ пайда фæзтæй ысхъыг ыстут... Нæй уын бæллицтæ дæр, цух ыстут сагъæстæй, Уазал, сæрибарæй ног рæтты зилдзыстут, Нæй уын фыдыбæстæ, тас уын нæу ахæстæй. —332—
«■ МÆГУЫРГУР (Лермонтовæй) Куывддон хæдзары дуаргæрон Лæууыдпырх дзаумæтты фæлыстæй Мæгуыргур, — чи сфыдхуыз бынтон Æххормаг, дойны ’мæ фыр тыхстæй. Куырдта уый иу къæбæры мур, Зынди йæ цæсгомыл фыдтухи... Æмæ йын цавæрдæр лæг дур Цæвæрдта дзулы ’фсон йæ къухы. ...Гъе афтæ кургæйæ дæ уарзт, Æз дæр мæ зонгуытыл лæууыдтæн, гъе асЬтæ асайдтай ды раст Мæ царды адджындæр хъуылытæ. —ззз—
жжж (Аветик Исаакянæй) Цæттæ сты, дидинæгау, раст Дæ былтæ ба кæнынæн иууыл, Фæлæ дæ сау дзыккуты баст Ды ма æппар мæ рынчын риуыл. Уый афтид у æмæ дæрæн, Зон, уымæй раджы ферох уалдзæг... Чызгай, дæ рæсугъд былтæн мæн Цыдæр, о, ба кæнын нæ уадзы. -334—
® ж ж ж (Аветик Исаакянæй) Ныртæккæ та дард Гималайы хæхты Залт-ы æгæнон уад сæхгæдта рындз, Денджызы сæрты циклонтæй тæхгæ Знæтæй æвирхъауы мигътæ фыцынц. Тымыгъ тымыгъыл æппары уылæн, Мингай нæрдтытæй æрвнæрдтæ нæрынц, Арвæрттывд тары ыскалы тæмæн, Фæлæ æнæ змæлгæ хæхтæ лæууынц. Гъе уым, гъе, сæ нæргæ хъæддаг тохы ’хсæн Æнæрæнцой зæрдæ,— дæ бынат дæуæн!
ЦÆРГÆС (А. Яшинæй) Йæ тигъæй хохæн фондз санчъехмæ раст, Æрбахста чидæр цæргæсы æваст. Æмæ сындæггай суæгъд кодта йæ бадæн, Цыма йæ афтæ бакодта фæндгæ — Æнцад-æнцойæ мигъты сæрмæ сфардæг, Фыццагау дардыл зилдухтæгæнгæ. Кæд уыд лыстæг, уæрцц марынæн йæ нæмыг,. Кæнæ та уыд цæргæсмарæн — ыставд, Фæлæ йæ къух фестъæлфт æмæ æнæмæнг Фæдзæгъæли нæ цуанонæн йæ хъавд? Нæ, суцца нæмыг иуфæрсты нæ ацыд... Уыди егъау тых цæргæсмæ æрмæст. Æмæ уый тахт, уый тахт йæ фæстаг балцы, — Цæмæй йыл знагæн ма скæса йæ цæст. —336—
а Иъ ж ж (Бархи тæлмац Гамзатовæй) Ды амондджын уымæй фæхоныс дæхи — Кæй цæрыс æдыхстæй, кæй нæ калд дæ хид, Æнæ хорз хæлæрттæй дæхицæн — фæрныг, Нæ дын зоны ничи дæ цинад, дæ хъыг. Фæлæ дыл кæд рацыд сæдæ азы, кæд Дæ урс сæрыл баззади азтæн сæ фæд, Уæддæр дын зæгъын æз — куыд фæзæгъы лæг—- Дæ райгуырд ныр дæр ма кæй нæ у бæрæг. —117—
® ТУГ ÆМÆ ЦÆССЫГ (Бархи тæлмац Гамзатовæй) Хъæдгомæй туг сырх тæдзæнæй лæдæрсы, Фæлæ цæссыг нæ хауы... ис æгъдау зæххыл: Лæгæн зынаргъдæр тугæй у йæ цæссыг, Æнæ уымæй нымад нæу лæг лæгыл. —338—
ж@ж- (Гамзатовæй) Ызнон æзуынгты иунæгæй цыдтæн, Æмæдзырдтон: «Фæлидзын хъæуы мæн, Æмæ куы лидзон иугæр, уæд бынтон, Цæмæй дæ ’ппындæр макуыуал уынон». Дзырдтон: «Нæ дæ, æцæгæй дæр, ды раст, Дæ ныхæстæй мæ риуы бацыд маст». Æмæ фæлгъуыдтон: «Ссардзынæн æндæр, Гъе ахæмнухæм... Ноджъгдæр фыддæр»... Куы-иу мæ цыд фæсабыр, куы фæцырд... Æмæ мæ тъæпп уæ кулдуарыл фæцыд. —«39—
■®- •® ЗФъ 5^ 29^ (Гамзатовæй) Æдыхстæй æр(^ацæуынц цæуджытæ уынгты, Нæ фиппаиынц уыдон дæ рæсугъддзинад. Æвæдза, цæстджынтæй дæр цас и куырмытæ,— Тæхуды æмæ сын дæ цæстытæ ратт! —340—
■& (Иосиф Курлатæй) Ноггуырд рæуæд авдæнæй Рагæпп кодта, афтæмæй Суадоны уæлхъус лæууы, Бацæуын нæ уæнды, Никæмæн уæнды зæгъын — Нуазын æй кæй фæнды. —341-
УЫЗЫН (Б. Заходёрæй) — Уызын, ды сындзджын цæмæн дæ? — Нæй мæнæн уæвæн ф’æлм’æндæр: Сты мæ алыфарс цæрджытæ — Бирæгътæ æмæ æрсытæ... —342—
ф ■© ж ж ж Ж* <я?ь отъ (Керим ртаровæй) Мæн дард бæсты искуы куы баф.арстæуаид: «Дæ фæстаг фæндон нын мæлæты раз зæгъ». Зæгъин уæд æрмæстдæр: «Нæ фæзты æруайын, Фæстаг хатт ма фенын мæ райгуырæн зæхх!» Æмæ ’йын йæ фæлгонц, мæ мады фæлгонцау, Мæ-дыууæ цæстыдзагæй ахæссин æз. Мæ гуырæн хæлар зæхх! Дæ кæддæры хосдзау Дæуимæ мæрдты дæр фæраздзæн йæ уæз! —343—
??ъ Ж> З^ (Керим Отаровæй) У, фынæй чызгау, мадзура ахсæв, Былтæ фезмæлынц, Стæй цæмæдæр ныхъхъусы. Зæхх хуыссы, Цыма фæлмæст кæсагахсæг, Æмæ бæлæстæ ризынц йæ русыл. Мигътæ арвцъæхы уадзынц сæ фæллад, Судзынц, хауæгау, стъалы-тъыфылтæ. Фæлæ фестъæлфы денджыз, Цыма схæссæг фæлмæн мад, — Уый, æвæццæгæн, федта фыдфынтæ. —а44—
ПИСКАРЕВЫ УÆЛМÆРД (Сергей Давыдовæй) Зилы дымгæ бæгънæг хихты цырддæр, Саударæг хъæд — æрхæндæг, сæруагъд. Бандзыг ингæныл урс дзæнхъа. Цыртыл — Берггольцы рæнхъытæ къахт. Сыфтæр уынггæндты згъоры дард... Хъыг æрæнцад æгуыппæгæй дурыл, Сау æфсæйнаг æбуалгъ мастыл дзуры, Тилы йе ’нусон базыр арт... Ленинград! Æз дæ хъæбул дæн, де ’одрыст, Судзаг хæсты æз бавзæрстон де ’мниз, Ацы уæлмæрд одæ риуы ис арф. Ам æрфынæй мæ горæтæн йе ’мбис, Уый нæ хъусы — Куыд нæры арв. Уыдон хъы’Г нæ цард-цæрæнбонтæн Се стырдæр одастьг таурæгъ ссис. О мæ горæт, æнæуынондæр Уыд æппæтæй дæуæн фашизм. Не ’фхæрд мадæлтæ, не ’нувыд хотæ Систы саудар цыртыты лæууæн. О мæ горæт, æнæуынондæр Нæй дунейыл фашизмæй дæуæн! —345—
Ленинград! Æз дæ хъæбул дæн,~де ’одрыст,- Судзаг хæсты æз бавзæрстон де ’мниз, Ацы уæлмæрдмæ риуы ис арф. Ам æрфынæй мæ горæтæн йе ’мбис, Уый нæ хъусы’, куыд нæры арв. -346—
МА СДЗУРУТ, ХÆХТÆ! (Зубер Тхагазитовæй) 1 Саби ахсы хуры сæууон арт — Уыдон кæсынц. Хъæу ныгæнынц зæронд лæджы мард — Уыдон кæсынц. Саид ныхæстьм æрæууæндыд чызг — Уыдон кæсынц. Идæдз ус фезгъæлдта судзаг цæссыг — Уыдон кæсынц. Сæрд ызгъоры, цæхæркалгæ, дон — Уыдон кæсынц. Баргъæвст, уадзыгау, ихы бын дон — Уыдон кæсынц. Цин. Уæхски-уæхск дыууæйæ лæууынц — Уыдон кæсынц. Бинонтæ зианыл кæуынц — Уыдон кæсынц. 2 Стъалыуарын куы фемæхсы арвæй æваст Уæд цæмæн лæутт хъусæй, хæхтæ? Исчи «сайдæй» куы аразы «раст», Уæд цаемæн лæуут хъусæй, хæхтæ? —347—
Уалдзæг схъарм* кодта арф кæмтты их — Уæд цæмæн лæуут хъусæй, хæхтæ? Фæззæг. Сбæгънæг и бæласы хих — Уæд цæмæн лæуут хъусæй, хæхтæ? Саудзаст чызджы куы хъал кæны райсомы тын, Уæд цæмæн лæуут хъусæй, хæхтæ? Уынг куы нæ зыны мигътæй сæумæ дæр æппын, Уæд цæмæн лæуут хъусæй, хæхтæ? 3 Царды уæлвæз фенын у уæ бар, Хæхтæ. Сымах уынут бæрзондæй кæмтты тар, Хæхтæ. Хорз у уый — æнæ уæлдай хъæрæй, Хæхтæ, Сымах фылдæр кæй æмбарут мæнæй, Хæхтæ. Æмæ ’ууæндьш иугæр ууыл æз, Хæхтæ, Уæд ыстут мæнæн æнцойад, ныфс, Хæхтæ. 4 Кæд æцæгæй сæ хуылфы ис уд, Æ’мæ сдзурдзысты, Нгл лæудзысты къуыттытæй, Уæд мæлын æз, хæрзбон мын зæгъут — Дзаг куы нæ уа сæ ныхас хъуыдытæй, хъуыдытæй! —348—
5 Цалынмæ уæвæн ис уымæн (Быхсдзыстæм нæ мæт дæр!), Ма сдзурут, хæхтæ! Ау, иу ахæм’ ма уа — Чи зона ’ппæт дæр... Ма сдзурут, хæхтæ! —349—
ФÆСТАГ ЗАРÆГ (Муса Джалилæй) Дардьш ныззылди зæхх, Дидинæг æмæ маргъстонау! Фæлæ цæрын æз ам — Талынг зынулæфт ахæстоны. Арвмæ фæтæхы цъиу Урсгуыбын мигъты астæу! Ахаудтæн къуымы æз та Пъольгл ’мæ къухтæ бастæй. Дидинæг рæзы хæдбар, Дардыл йæ рæсугъд тæф акæлы. Ахстæй æмпылын æз та, Рæуджытæн улæфт нæ фаг кæны. Æз зонын, куыд адджын у цард, О, царды уæлахизæвзарæн! Ахстæй мæлын æз та, Мæнæ — Мæ фæстаг зарæг. —350—
САУ БÆХ УРС МИТЫЛ АХАУД (Кайсын Кулиевæй) Цард у фистæджы уаргъау, Къах та зоны кæлын... Сау бæх урс мйтыл ахауд, Сау бæх митыл мæлы. Уый зын фæндæгтыл, дуртыл Скъæфта барджыты цырд. Тох, фæдис æмæ дугъты Разæй алкæддæр цыд. Кæмттьг, донхæрд мæсчъыты Фидар хаста иæ уаргъ, Саулагъз, саудзаст чызджытæ Федта бирæ йæ саргъ. Уадау агайдта хæхтыл, Зæхх йæ цæфхæдтæй сыгъд, Даргъ, дзæнхъасæфтæг — къæхтæ, Хъустæ — ног сыфтау, цыргъ. Сау бæх мнтыл æрхауди, Хъæу, йæ хæхбæстæй дард, Бандзыг даргъ цæстыхаутыл Цæссыг, ныхыл æртагъд... Уый нæ кодта йæ тыхтæ Дугъ, хъуыддагæн æвгъау, —351 —
Гуыр-иу уадтæм ныттыгъта, Уыд æнæхин, бæхау. Мит нæ уадзы йæ сæлфын, Руайы дидин, рæстуд, Сау бæх миты сæр сæфы, Увд мæлынæн рæсугъд. Цард у фистæджы уаргъау, Къах та зоны кæлын... Сау бæх урс митыл ахауд, Сау бæх митыл мæлы. —352—
ХЪУЫДЫТÆ ПОЗЗИЙЫ ТЫХХÆЙ У?цамонгæ
§ ■© НÆ ФЫДÆЛТЫ БЫИТÆ ÆМÆ ПОЭТИКОН КУЛЬТУРÆ Мæпмæ гæсгæ, пæ литературон фыдæлты æнæ- мæнг фæзмын цæмæй хъæуы, уыцы хъуыддæгтæй иу у лæгдзинад, дзыллæты цард æмæ хъысмæтмæ иудадзыг хъус дарын. Иуæй-иутæ поэзи раздæхтой хынджылæгмæ æмæ сæгад кодтой поэты цытджын ном. Чиныгкæ- сæг пал æууæнды æмдзæвгæты рæстдзинадыл. Адæмы’ иу хай та сахуыр уæлæнгай фыстытыл æмæ иал æмбары æцæг арф хъуыды, рæстылдзу- рæг æмдзæвгæтæ, уый нæ, фæлæ ма сæ тæрсын дæр райдыдта. Нæ литературон фыдæлтæ ахæм хъуыддæгтæ сæ сæрмæ нæ хастой. Уыдон никуы кодтой цæстмæ- фыстытæ, цæстмæпыхæстæ, сæ дзырды уыд стыр уæз, стыр фарн, адæмы æхсæн уыдысты нымаддæр лæгтæ. Цæмæн афтæ уыд? Уымæи æмæ поэт фыц- цагдæр хъуамæ уа лæг. Чъизизæрдæ, хахуыргæнæг, æдзæсгом, цæстмæмиты фæрцы» бынæттæм1 тырнæг адæймаг хорз поэт никуы суыдзæн. Фыссæг цæ- уыл фыссы, уыдон цæуынц йæ .миддунейæ, æвзæ- рынц йæ зæрдæйы тæгтæй. Фæлæ цъымарайæ сыгъ- дæг суадон пæ гуыры. Кæй зæгъьш æй хъæуы, уыдæттæ æгъгъæд не сты поэт суæвынæн: хъæуы- курдиат æмæ культу- рæ. Фæлæ курдиат у æрдзæй дæтгæ, кæмæ нæ уа, уый ныхасаг дæр пæу. Дзырд цæуы поэтикон куль- турæйыл. Нафк раст зæгъы, бирæ æнæвнæлд аива- -354—
доп æвæрæнтæ ис нæ фыдæлты хæзнадоны. Мæн- мæ гæсгæ, нырма чысыл лайдагонд цæуьи ирон адæмы сфæлдыстадæй: райсæм- дзы иуæй-иу сю- жеттæ, иуæй-иу мотивтæ, рохæй баззайынц обрæ- зон фæлгонц, зæллангон фæрæзтæ. Уыдон та сты тынг ахсджиаг. Райсæм иу рæнхъ «Бæтæйы фырт- ты зарæг»-æй: «Хъаныхъуаты хъуынджынхъус Тъæрæс»... Æртæ дзырдæй мырты æндзæвды фæрцы æвдыст æрцыд адæймагæн æрмæст йæ бакаст нæ, фæлæ ма йæ зондахаст. Хаттæй-хатт уæлæнгай æмбæрстгонд цæуынц нæ профессионалон поэзийы бынтæ дæр. Фæдзу- рынц сæ рог ритмикæйыл, æнцонæмбарындзина- дыл (мæнмæ гæсгæ, Къостайы сфæлдыстады дæр нырма бирæ ис, сахуыр кæнын, базонын æнхъæл- мæ чи кæсы, ахæм къабæзтæ). Æнцонæй иртæст цæуынц цæстуынгæ барæнтæ æмæ æндæр поэти- кон мадзæлттæ. Фæлæ фаг æргом здæхт нæ цæуы, зæгъæм, æмдзæвгæты мидулæфтмæ. Уый та у тынг ахсджиаг хъуыддаг. Райсæм1 ахæм рæнхъы- тæ: «Амонд... Æрра дæн, цæй амондмæ дзурын! Ацы рæстæджы та амондджын чи у?» Уый у, цард æмæ уарзтыл бирæ чи фæсагъæс кодта, ахæм адæймаджьг арф ныуулæфт. Цас æмæ цас парахатдзинад дзы ис?.. Нафи раст уайдзæф кæны, нæ литературæйы цы хъæздытдзинæдтæ ис, уый чи нæ зоны, афтæ- мæй йæ фыдгой чи байдайы, уыдонæн. Уый афтæ æмбарын нæ хъæуы, æмæ дунеон литературæйæ пæхи бахизæМ’, зæгъгæ. Нæ. Ныртæккæ ирон адæм иннæ адæмтæй æнахуыргонддæр не сты. Кæоынц æрмæст нæхи, уырыссаг, стæй нæ бæстæйы фыс- джыты нæ, фæлæ æнусты дæргъы зæххы къорийыл цы стыр аивадон хæзнатæ арæзт æрцыд, уыдон дæр. Уымæ гæсгæ ныртæккæ ирон поэтæн нæй,, —355—
’дунеон литературæ нæ зоныны æмæ, рæстæг поэ- зийы размæ цы домæнтæ æвæры, уыдон не ’ххæст кæныны бар. Хатгай хорз æмдзæвгæтæй фæзæгъынц, зынæм- барæн сты, зæгъгæ. Æз дæн хæдуæз, зæрдæйæ ист дзырды фарс. Фæлæ арф хъуыды уæлæнгай хъуы- дыйæ зындæр бамбарæн у. Уый тыххæй тынг хорз загъта уырыссаг критик Ст. Рассадин: «Настоя- щая поэзия, стрсмящаяся переделать читателя по своему образу и подобию, всегда тем самым даже борется с читателем, приближая его к своему идеа- лу и эта борьба тем упорнес, чем идеал совершен- нее». Мæн фæпды, уьщы хъуыддаг нæ рох куы нæ уаид, уый. ...Азæй-аэмæ нæ литературæйы дарддæры рæзты тынгæй-тынгдæр ахадынц, фидар бындур ын чи басгуыхтис, уыцы уацмыстæ. Уыдои та, мæнмæ гæсгæ, сты æиæмæлæт Къос- тайы æнæмæлæт «Ирон фæндыр», Мамсыраты Те- мырболатæй нæм цы дыздызгæнгæ поэтикоп рæн- хъытæ фæхæццæ, уыдон, Гæдиаты Секъайы, Гæ- диаты Цомахъы, Брытъиаты Елбыздыхъойы, Ко- цойты Арсены, Малиты Георгипы, Нигеры (Дза- найты Иваны), Мамсыраты Дæбены, Къубалты Алыксапдры, Барахъты Гинойы, Беджызаты Чер- мены хуыздæр уанмыстæ, цæрынхъуагæй ие ’хсæ- нæй чи фæхъуыд, уыцы «поэттæ Хъамбердиаты Мысост æмæ Калоты Хазбийы æмдзæвгæты чнн- гуытæ, Плиты Харитоны дыууæ кадæджы, Туаты Дауыты хуыздæр пьесæтæ, Плиты Грисы «Чермен» æ’мæ «Салдат» æмæ ма поджы иу къорд уацмысы. Фæстаг рæстæджы цы уацмыстæ фæзындис, уыдонæй мæм тæккæ ахадгæдæр кæсынц Гафезы —356—
пьесæ «Бæсты фарн», Цæрукъаты Алыксандры æм- дзæвгæты чиныг «Арвæрдын», Джусойты Нафийы поэтикон æмбырдгонд «Æнæном1 чиныг» — æмæ ма ацы номхыгъдмæ бафтауæн уаид. Аив æмæ мæм арф кæсынц, ирон литературæйы ныры кæстæр фæлтæры минæвæрттæй иуæй-иутæ цы уацмыстæ фыссынц æмæ мыхуыр кæнынц, уыдоны иу хай. Нывыл æмæ пæм рæстылдзур критикæ кæй нæй, уьш цыма зынгæ къуылымпы кæны ирон литерату- рæйы рæзт, афтæ «мæм кæсы. Уый азарæй хицæп уацмысты тьгххæй нæ «критикæйые» алыхуызон гæлир, æнæраст хъуыдытæ кæй фæзыны, уый дæр ма — гъа, фæлæ арæх дзырдтæ «аивадон уацмыс», «аивадои литературæ» ивддзаггонд цæуынц бын- тон æндæр цæимæдаэрты. Æз растыл нымайын æмæ йæ фарс хæцын æр- мæст иунæг тырнындзинадæн — хъуамæ фыст цæуа æцæг аивадон уацмыстæ. Нæ зæрдыл ма æрлæу- уын кæпæм В. Г. Белинскийы ныхæстæ: «Искус- ство не допускает к себе отвлеченных философ- ских, а тсм менее рассудочных идей: оно допуска- ет только идеи поэтические, а поэтическая идея — это не спллогизм, не допмат, не правило, это — живая страсть...» ...Мæ хъуыды балхынцъ кæпыи мæ фæиды В. Маяковскийы рæнхъытæй: Одного боюсь за вас н сам — Чтоб ще обмелели наши души. Чтоб мы пе возвелп в коммунпстическин сап Плоскость расшников и ерупду частушек; —357—
ХЪОДСАТЫ ÆХСАР ÆМГАРЫ СУРÆТ (Фрзгменттæ) Рагацау .мæ хъустыл уайынц кæйдæр карз уай- дзæфтæ, ома, цытæ фыссы мæнæй уый — литерату- рон-критикон уац æви мысинæгтæ, чиныджы- тых- хæй рецензи æви эссе? Мæ дзуапп цæттæ у: мæн ныртæккæ жанры мæт нæй. Авд азы раэмæ* ирон литературæйыл æрцыди стыр зиан — цæрынхъуагæй фæхъуыди поэт Дзабо- латы Хазби. Мæн фæнды, ме ’мгары куыдæй зыдтон, йæ фæл- гонц, йæ поэзи мæ зæрдæйы цы бынат ахсынц, уый тыххæй радзурын. # * * Фыццаджыдæр ын базонгæ дæн йе ’мдзæвгæ- тимæ, фæзындысты-иу газетты æмæ журнал «Мах дуджы». «Рæстдзинад»-ы йæ кой арæх уыди: ку- сы, дам, Буроны æрзæткъахæнты, у дæсны хох- къæртгæнæг, йæ хæстæ æххæст кæны дзæвгар фьм- дæртæй, стæй, дам, дзæбæх æмдзæвгæтæ дæр фыс- сы. Уый уыдаид 1958 азьг. Къостаиьт номыл педа- гогои институты ахуыр кодтон. Ме ’мдзæвгæтæ а)зæх хастон газеттæм, «Мах дуг»-мæ. Журналы * Уац фыст æрцыди 1976 азы. —358—
редакци уæд уыди Куйбышевы уынджы 6-æм хæ- дзары (ныртæккæ дзы ис радио-телеателье). Поэ- зийы’ хайы сæргълæууæгæй куыста Плиты Хадо. Цы ’мдзæвгæтæ йæм радтон, уыдоныл йæ цæст ахаста æмæ фæлмæн хъæлæсæй загъта: «Иннæ къуыри-иу æрбауай, уæдмæ дын сæ бакæсдзы- пæн». Стæй йе стъолæй райста гæххæтты сыфтæ, рудзынджы цурмæ сæ рахаста (æвæццæгæн, рухс- дæры тыххæй) æмæ загъта: «Адон-ма бакæс æмæ мып дæ хъуыды зæгъ». Райстон сæ. Фыццаг сы- фыл ауыдтон ’машинкæйæ фыст: «Дзаболаты Хаз- би». Дæлдæр та: «Ыог æмдзæвгæтæ». Бакастæн сæ. Сæ нæмттæ сын нал хъуыды кæнын, фæлæ дзы уа- диссагæй ницы ссардтон — æрзæткъахджыты цар- дæй хицæн ньивтæ (фæстæдæр цьгма йæ чиныг «Хæс»-мæ бахаудтой). Раст зæгъын хъæуы, жур- налы цы< бирæ лæмæгъ уацмыстæ цыд, уыдон фар- смæ Хазбийы ’мдзæвгæтæ ахадыдтой, техникæйы ’рдыгæй та сæм мисхалы бæрц дæр фау æрхæссæн нæ уыд. Æмæ Хадойæн загътон, ницы сын у, æв- зæр цыма не сты, зæгъгæ. «Мæнмæ гæсгæ, ацы лæппу тынг суинаг у», — балхынцъ кодта Хадо. Рахатыдтон: æмдзæвгæтæ бынтоп хорз куы ра- хуыдтаин, уый йæ фæндыд. * * * Ууыл цалдæр мæйы рацыдаид, афтæ Цæрукъа- ты Владимирыл («Рæстдзинад»-ы редакцийы куыста) фембæлдтæн стыр уынджы. Йемæ уыди ныллæггомау къæохуыртæ лæппу. Мæ зæрдыл ын дзæбæх бадардтон йæ тымбыл цæсгом. Роцъойы бæстæстæу — арф дзыхъ. Базонгæ стæм, Уый уы- ди мæ фыццаг фембæлд Дзаболаты Хазбиимæ. «Уæдæ цом, нæ базыиды тыххæй фæйнæ сыкъамæ Хуыцауы ном ссарæм»,— Хазби Владимирмæ ра- зылд, ома хистæр дæ ’мæ дæумæ у каст. —359—
Лæппуйы фæндоныл дыууæ нал загътам: баз- дæхтыстæм, уынджьп рахизфарс цы хæрæндон уыду уырдæм. Лæугæйæ фæйнæ сæдæ граммы уырыс- саг арахъхъ анызтам, цы^æр уазал хæринæгтæй са- хуыстам æмæ кæрæдзийæн хæрзбон загътам: Хаз- би Буроны автобусмæ æрæджы кодта. 1960 азы рацыди йе ’мдзæвгæты фыццаг чиныг «Хæс». Цæрукъаты Таймуразимæ сфæнд кодтам рецензи ныффыссын. Хазбийы фыстытæ уымæй размæ дæр зыдтам, фæлæ ныр иумæ æмбырдгон- дæй бæлвырддæрæй зындысты сæ хорз миниуджы- тæ æмæ сæ аиппытæ. Рецензи рацыди уыцы аз 2-æм июлы «Рæстдзинад»-ы. Ныртæккæ 1мæ цæсты ницы- уал ахады, фæлæ дзы цыма иумæйагæй раст аргъ скодтам поэты уацмыстæн. Цæвиттон, хастам сæм ахæм фау: æмдзæвгæтæй иуæй-иутæ зæрдæ нæ агайынц, арф сагъæстыл æй нæ бафтауынц, фыст сты хус ныхæстæй, æнкъарæнтæй, фæлгонцтæй мæгуыргомау сты. «Поэт хъуамæ факттæ æмæ цау- тæ дзургæ ма кæна. Уый хъуамæ фыццаджы- дæр нывгæнæг уа», — фыст ис рецензийы. Дык- каг аиппыл та нымадтам, авторы фыстытæй бирæ- ты иухуызон хъуыдæтæ кæй ис, уый. Ранæй-рæт- ты æгæр æппæлæн пыхæстæ дæр кодтам: «Æры- гон поэты алы æмдзæвгæйы дæр мах уынæм адæй- маджы, цардбæллои, ныфсхаст æмæ хъаруджын советон адæймаджы». Хазбийы чиныджы æнæгуырысхойæ уыди, фæстæдæр йе ’цæг поэтикон донвæдмæ кæцæй рахызт, ахæм ратæдзæптæ. «Мæпæн нæу ип- пæрд дзыллæтæй 1мæ амопд», «Дæ хæс цыт- джып æмæ егъау у», «Кæуыл æрцыди цинад, хъыг», «Мæгуыр», «Фып», «Амонд» æмæ- —360—
’ндæр æмдзæвгæты бæлвырдæй зынынц, йæ кур- диат кæмæй фидауы, ахæм миниуджытæ: поэти- кон æхсар, æргомдзырд, зынтæй нæ тæрсын. «Куы тæрсæм иууылдæр зын рæттæй, уæд махæн чи ратдзæн æгъдау?»—зæгъы поэт. Æууæндæм ыл, уымæн æмæ йæ ныхас хъуыддагæй æххæст код- та. «Мæн егъау намыс нæ хъæуы, зæрдæ рисдзæни йæ койæ, риу æмпылдзæни,— куы нæ уа арæзт уы’й мæ хидвæллсйæ». Ацы декларацийы ныхмæ дæр ницы зæгъæг стæм, раст у. «Зæрдæ ис зарæ- джы, зарæг та — зæрдæйы», — дызæрдыггаг нæм нæ кæсы ахæм хъуыды дæр. Аристотель кæд æмæ кæд загъта: «Зæрдæ агайын кæны, йæ зæрдæ истæ- уыл кæмæн тыхсы, уый, маст æфтауы, йæхæдæг мæсты чи кæны, уьпй». Бæстонгуыст сты æрыгон поэты рæнхъытæ, къух бакæнын сæм зын у. Фæлæ уæддæр æмдзæвгæтæн цыдæр нæ фаг кæны. Цыма хъуыды æгæр гом-гæрццæй аззайы, цыма рæнхъытæй «зæрдæйы тæгты зæл» стæм хатт райхъуысы’. Йæ ныхасы сæр циу, уымæн ав- тор æрмæст йе ’ддаг хуыз уыньт. Уынгæ дæр зæр- дæйы цæстытæй нæ кæны, фæлæ зондæй. Объек- ты мидæгæй цы ис, уд цæмæй риссы, йе йæ цин цæуыл у, уый раиртасыны хъару йæм нæма и. Уы- цы хъуыддаг фæстæдæр иæхæдæг дæр бафиппайд- та: Æз мæиъчсæй цъити-къултæ къахтоп .. Фæлæ риуы арф хъуыды хуыссыд, Æмæ-иу куы айзæлд комы тагъд дон, Мæп-иу тары комрæбын куы ссыгъд, Уæд мæ фæндты тахтæн æмæ тахтæн... («Æз мæ фæндты тахтæп æмæ тахтæн») Нæ рецензийæ Хазби, æнхъæлдæн, тынг разы пæ уыд. Уый мын Цæрукъаты Таймураз дзырдта. —361 —
-Литературоп институтмæ кæй цыд, уый дæр фæс- тæдæр базыдтон. * * * Фондз азы фæстæ каст фæцис институт æмæ сыздæхт Ирыстонмæ. Бынтон льшæн нæма уыды- стæм. Уæдмæ Хазби дыууæ чиныджы автор уыди, мæнæн та иу чиныг дæр нæма рацыди. Уæддæр æй мæ мидзæрдæйы æцæг поэтыл нæ нымадтон. Йæ дыккаг æмбырдгонд «Артдзæст»-ы дзæвгар сырæзыд, цæуыл фыста, уымæн æй йе ’ддаг >ми- ниуджытæ тынг нал æндæвтой, йе ’ргом сарæзта мидыскондмæ, уавæрмæ. Уыцы мидуавæртæ сæй- раджыдæр ахсьш райдыдта ’нкъарæнтæй. Баз- мæлыдысты зæрдæйы уидæгтæ. Райдыдта сфæлды- стадон эволюци, лæджы кармæ цæуыны процесс. Уый пыртæккæ афтæ дзурын. Хъуамæ йыл басæт- тон: уæд та уыдæттæ не ’мбæрстон. «Хъуыдыйæ мæгуыргомау рауади Хазбийæн йе ’мдзæвгæ «Лæг фæразы йæхи уды риссæн», — фыстон мæ иу уацы газет «Рæстдзинад»-ы. Æнæрхъуыды сонт ныхас! Цы’ ’мдзæвгæйы кой кæнын, уый кæд истæмæй хъæздыг у, уæд фыццаджы-фыццаг хъуыдыйæ! Фæидзайæм азты кæрон æмæ æхсайæм азты райдайæны мах цалдæр лæппуйæ уыцы тæвдтуг, æнæрцæфæй (уæвгæ ныл цæфтæ æгæр дæр ма уа- ди) лæгæрстам, нæ зæрды уыди, литературæйы хуымы амброзийау чи сарæх (æниу дзы ныр къад- дæр и!), уыцы хæмпæлгæрдæг бындзарæй срæду- вын. Иу ног чиныг дæр æнæ рецензийæ нæ уагъ- там, хистæр-кæстæр не ’взæрстам. Уæды газетта» æмæ журналы ;мæхи æмæ ме ’мбæлтты рецензитæм, уацтæм куы ’ркæсын, уæд дисæй а-мæлын: куыд мыхуыр кодтой ахæм æ>ргом ныхæстæ, уæлдай- дæр хистæрты’ тыххæй! Ныр мæм1 уæлæнгай æма> —302—
примитивон кæсынц (уæвгæ дзы цы уацмыстыл дзырдæуыд, уыдон уый аккаг дæр нæ уыдысты — ноджы цауддæр, æдзæллагдæр), фæлæ сæ заманы сæ куыст бакодтой: формалистон сæрбихъуырæйт- тæгæнджытæ, абстракционистты гакк ныл баф- тыдтой нæ хпстæрты «фæрныгдæртæ». Мæ уæдык- кон поэтикон фæлварæнтæй ныр >мæ зæрдæ ба- мæгуыр вæййы; штамп æмæ примитивы «хæцгæ низæй» хи бахизыны удаист фæлтæрæнтæ, къæ- бæлдзыг ныхæстæ, фæзмыгой митæ, алы рæстæ- джыты’ æмæ алы адæмты поэзийы фæлгонцты ныв- тыл карст метафорæтæ, дзырдбæстытæ. Фæлæ мæ фидарæй уырны: уыдæттæ иууылдæр хъуыдысты. Поэзи абон куыд æмбарыи, уымæ, чи зоны, пе ’рцыдаин, уыцы’ гакъæттыл нæ фæрахау-бахау кæн- гæйæ. Хазби та кæддæриддæр уæззау зопдыл хæст уыди, стæй Мæскуыйы кæй ахуыр кодта, уымæ гæсгæ немæ арæх не ’мбæлд, литературон быцæу- тæй дæр иуварс лæууыди. Раст зæгъы Нафи: «Ни- кто не помнит, когда он пришел в осетинскую ли- тературу, словпо он был в ней всегда. Никто не помнит, ибо он пришел, как пахарь к весеннему полю, — работать радостно и основательно». (Хаз- би Дзаболаты. Обелиск и всадник. Стихи. Изда- тельство «Ир», Орджоникидзе, 1970, 99-æм фарс). Чиныг «Артдзæст»-ы ис æмдзæвгæ сырддон- цъиуы тыххæй. Адæмы цæстæнгас йæхимæ чи не здахы, суанг ма зæрдæцъæх дæр кæмæй свæй- йынц, хъулон митæ ахуыр чи нæу, уыцы чысыл маргъмæ дæр цыдæр раппæлинаг миниуджытæ ссардта поэт. Уымæн иннæ мæргътау рæсугъд хъæлæс нæй, уæдæ ’рвылфæззæг хъарм бæстæм дæр нæ фæтæхы, «цымыдис цаутæ» дзы нæ хæссы. Чи зоны, зæгъы’ автор, сырддонцъиу къулсæрæй, къæмдзæстыгæй уымæн кæсы. —363—
Æмæ æрмæст уæд бамбæрстон — Æз дурзæрдæ кæй разындтæн, Æмæ фыццаг хатт раззæрстон Æрттиваг тæлм дæ базыртыл... Уыцы «æрттиваг тæл.м» бæлвырд-бæрæгæй ра- зынди Хазбийы сфæлдыстады дæр. «Цымыдис цау- тæ» дзурынмæ нæ тырныдта йе ’мдзæвгæты. Уый фæндыд уæхскуæзæй кусын, кæддæр хæхты бын айнæг къултæ куыд къæртт кодта, афтæ поэ- зийы æрфытæм удуæлдайæ лæгæрдьш. Цард вазыгджынæй, хъулонæй æрбаулæфыд йæ уацмыстæм, сæ къабæзты сын æцæг тых бауагъ- та: поэт иæхи удæй бавзæрста, сфæлдыстадон фæлтæрддзинад æй æркодта ахæм хъуыдымæ: Цас уон ’лвæстдæр хънстæ, Уый бæрц тонынц тагътдæр, Фæлæ уый бæрц искæй Агайы сæ цагъд дæр .. («Зæрдæ! Ды æвдисæн...») Институты» фæстæ Хазби куыста Цæгат Ирыс- топы телеуынынады литературон редакцийы. Æз та уыдтæн радиойы уацхæссæг. Арæх æмбæлды- стæм. Телефонæй-иу æм куы бадзырдтаис, кæнæ йæхæдæг куы дзырдта, уæд-иу уыцы сыгъдæг æмæ зæрдæрухсæй райхъуыст йæ хъæлæс: «Гъей, Хуы- цау дын арфæ ракæиа!» Фылдæр хатт нæм-иу ны- хас рауади поэзийы тыххæй. Нæ хъуыдытæ кæрæ- дзимæ ’ввахс уыдысты. Хазби йе сæфт уыдта, апвадмæ пайдайы цæстæй чи касти, козбау миты фæрцы кад æмæ пом скæныпмæ чи бæллыд, ахæм поэтгæндтæй. «Поэт! Цæстыгагуыйау хъахъхъæн дæ мад æмæ дæ хъæбулы, дзыллæты» рухсдæр монц — поэзийы. Дæуæи дæ бон нæу, æрдз дын —364—
цы радта, уымæй егъаудæр курдиат райсын, фæ- лæ дæ бон у раст уæвын, дуджы æцæгдзинад нæ фæгалиу кæнын. Ма рацу дæ зæрдæйы ныхмæ! Цъитийæ гуырд æхсæрдзæнæн фæстæмæ цъитийы сæрмæ здæхæн куыд нæй, афтæ поэзийы дæр нæй зæрдæйы ныхмæ цæуæн, æфсæддон лæгæн уæззау тохы хæстон ардбахæрд афæливæн куыд нæй, аф- тæ поэзийы дæр нæй царды æцæгдзинад галиугæ- нæн. Æнкъард адæймаджы хъæлдзæг куы рахо- пай, уæд дыл никуыуал баууæнддзæн, хъæлдзæг адæймаджы æнкъард куы< рахонæй, уæд дыл йæхи- нымæр бахуддзæн. Ды та дзыллæты зарæггæнæг дæ, æмæ дæ зынаргъдæр хæзна у уыдоны æууæнк». Аф- тæ фыста Хазби 1964 азы «Поэзийы бон»-ы. Ныб- бар мын, мæ кæсæг, мæ лæмæгъ зæрдæ, фæлæ мын ацы рæнхъытæ мæ кæуын мæ хъуырмæ ссæуын кодтой: цы раст, цы хæдзонд æмгар, цы ныфс- хаст, цы цæхæркалгæ курднаты хицау фæхъуыди не ’хсæнæй! * # * Йе ’ргомдзырды тыххæй йæм-иу чидæртæ хæ- рам дæр фесты. Поэзийы секцийы ’мбырдтæй иуы дзырдæуыди журнал «Мах дуджы» цалдæр номы- ры тыххæй. Хазби карз критикæ кодта, иу-ссæдз чиныджы чи рауагъта, фæлæ поэзийы» хъæр чи иикуы бамбæрста, ахæм ацæргæ авторы фыстытæ. Мыхуыр кæм уыдысты, уыцы помыр Хазби уæ- лиау систа æмæ загъта: «Мæнмæ гæсгæ, ацы "мдзæвгæтæн се ’дзæллагдзинад æнæ комментари- тæй дæр бæрæг у, байхъусут-ма сæм». Æмæ кæ- сын райдыдта. Куыддæр кæронмæ ахæццæ, афтæ сæ ныффыссæг (сæ рауадзæг дæр йæхæдæг уыд — журналы редакцийы куыста) фыр мæстæй йæхи —385—
нал баурæдта æмæ Хазбийы хæдчъылдымæй уы- рыссагау фæхъæр кодта: «Замечательные стихи!» Иæхи ’мдзæвгæйы тыххæй цард-цæрæнбонты, æвæццæгæн, ахæМ’ «хæдæфсарм» ныхас никуыма ничи загъта, æмæ йыл Хазби дæр æмæ адæм дæр сæхи худæгæй схастой. Æмдзæвгæйы автор -хиуыл фæхæцыны æмæ объективон критикæйæн бабых- сыны бæсты æвидауц схъиудтытыл, гуымиры фи- дистыл схæцыд. Уыцы æнæджелбетт дзымандытæ æмбырды суагъæйы фæныеанчындæуыд æви нæ, уый нæ зонын. Бæлвырдæй зонын æндæр хабар (фæстæдæр поэзийы секци мæхи ’бæрны уыд æмæ суагъæ мæхи цæстытæй федтон): æмдзæвгæйы автор æмбырды кæй нæ дзырдта, ахæм ныхæстæ дæр фегуырди суагъæйы — машинкæйыл фыстæй дыууæ фарсы бæрц. Æлгъаг æдзæсгомдзинад, Хазби йæ цыбыр царды бонты æвæллайгæйæ æмæ принципиалонæй кæй пыхмæ тох кодта, ахæм чъи- зи ми! Уæвгæ «нæ тæрхоны лæгтæн» уый фыццаг хатт уыди, цы! Æрдæгæууылд ныхас никуы ничи фехъуыста Хазбийæ. Йæ дзуринаг-иу йæхимидæг фæрабар-ба- бар кодта, стæй йæ йе ’мгæртты тæрхонмæ хас- та ахæм райдайæпимæ: «Ахъуыды кæнгæйæ, мæн- мæ гæсгæ» æмæ а. д. Уæнгæл ын уыдысты дзæ- гъæлдзыхтæ, йæ пьгхасæн бæрц чи нæ зыдта, уы- дæттæ. Кæддæр мын ракодта ахæм хабар (фæ- стæдæр æй ие ’ннæ ’мбæлттæй дæр фехъуыстон). Литературон институты куы ахуыр кодта, уæд иу изæр цалдæр æмбалæй фынджы уæлхъус бадты- сты. Семæ фæци иу ироп фыссæг дæр (Уæлдæр ли- тературон курсытæй). Фæйнæ цалдæры анызтой, афтæ дын нæхирдыгон фыссæг дæргъвæтин тау- —366—
рæгътыл куы схæцид, куыд фæзæгъынц, дон~ уагъд æм’ фæци. Фынджы уæлхъус бадджытæ фæл- мæцын байдыдтой, хъусын сæ нал фæндыди, фæлæ йæ куыд баурæдтаиккой: хистæр! Уалынджы лæп- путæй иуæн зæххыл йæ гуьшп фæцыди. Нуазгæ мисхалы бæрц дæр нæ бакодта, фæлæ, мæгуыр, дзырдмондаг лæгмæ хъусынæй бастади. Фыр фæл- ладæй дзой-дзой кæнын байдыдта, уæддæр йе ’фсармы сæрты ахизын йæ бон нæ баци, хъуыста, цалыимæ йæ зæрдæ нæ бахъарм æмæ æд бандон уæлгоммæ нæ афæлдæхт, уæдмæ. Уыцы хабар дзур- гæйæ-иу Хазби худæгæй бакъæцæл. Афтæ зæрдиа- гæй худти, æмæ-иу æй йæ дзыпмæ къухмæрзæнмæ нывналын бахъуыди: фыр худæгæй-иу йæ цæссыг акалди. Мæнмæ гæсгæ, Хазбийы хуызæн зæрдæуæрæх,, æнæниз худт кæнын ничи зыдта. 1966 азы сæрды Хазбиимæ нæ улæфты рæстæг æрвыстам Куырттаты комы. Фысымæн равзæр- стам нæ хæстæг хохы Карцайы цæрæг Датиты Му- хары». Мухар æмæ Хазби цыбыр рæстæгмæ кæрæ- дзп бамбæрстой: дыууæйæ дæр сæ сярйраг хъуыо,- дæгтæй уæлдай цуанмæ ’мхиц уыдысты. Фадат фæуæвгæйæ-иу нæ фысымы уæгъд нæ уагътам. Хо- хаг зæхгуысты кусæнгæрзтæй райдай æмæ дидин- джыты, кæрдæджыты нæмттæй фæу — нæ хынц- фæрстытæй-иу, чи зоны, йæ сæрæн пал уыди. Мæ уæдьжкон блокноты ссардтон, Мухары ныхæстæй кæй фæфыстон, ахæм хæрынæн бæзгæ зайæгхæлт- ты нæмттæ: скъамо, мæтатыкк, мæзæрæу, сыхсы, æхсæвæргæрдæг. Мæнæ адон та цæфтæ дзæбæх- гæнæг кæрдæджытæ: зæрдæвæрæн, къаххос, кæн- —367--
дыс (быдыры хъæутæй йæ иуæй-иуты булайы сыф хонынц). Цардыстæм хицæн уаты. Цæвиттон, кусынæн ^емæ фæлладуадзынæн агургæ ’мæ æнæаргæ фа- дæттæ. Хъæуæн йæ тæккæ астæуты кæлы цæсты- сыгæй сыгъдæгдæр къада. Йæ фæйнæ фарс — лæп- пып хъæд: кæддæр ивылд доп фæрвы .мыггæгтæ раласта æмæ ныр тала бæлæстæ уынджы рахиз- фарс æнæхъæнæй æрæхгæдтой. Уырдыгæй лæ- бырд къахвæндагыл фæхæрд кæн æмæ дыууæ ми- нутмæ фегуырдзынæ чысыл æрдузы. Йæ алыварс æиусоп тулдзытæ, тæгæртæ, тæрсытæ хур бои сæ аууæттæ каухалæнтау сæ быны æркалынц. Сыф- тæрты ’хсæнты хур æрхъуызы, цыма каухалæн-æн- дзарæнтыл арт бафтауынмæ хъавы. Комы фаллаг фарс — къулаив уæлхох быдыр. Æддæдæр— тар- цъæх къохтæ. Хазби-иу сыстади бопыцъæхтыл. Æртæ сахаты бæрц-иу фæзылди къуыппытыл, хъæдты, доны был- ты, стæй-иу аходæнафоп фæзынди. Мæн-иу кæнæ хуыссæны ’рбаййæфта, кæнæ доны был мæхи ’хсгæ. Къæвда бонты-иу йæ кæттаг уæлæфтау йæ уæлæ ’рбакодта æмæ-иу дон-дон комы хъæбыомæ йæхи систа. Кæсаг, дам, ахæм рæстæг æнцон ах- сæн у: дон змæст вæййы æмæ адæймаджы нæ фип- лайы». Аст сахатыл-иу уыдыстæм нæ куысты уæл- хъус. Æз иудадзыг бадтæн доны был. Тухгæ сын- тæг-иу мемæ ахастон, фæрвыты бын-иу æй бай- тыгътон æмæ йыл-иу рæстæгæй-рæстæгмæ мæхи ’руагътон, кастæн чиныджы. Хазби та-иу йæ кæт- таг уæлæфтау рахаста. Уый дæр-иу æрбынат кодта чысыл æддæдæр, кæрæдзи куыннæ хъыгдард- таиккам, афтæ. Кæнæ-иу схызт уæлхох быдырмæ. Изæрмилты-иу кæрæдзи афарстам, йæ бон чи куыд арвыста, уымæй. Иæ куыст йæ зæрдæйы фæндиаг —368—
чæй нæ цæуы, уый тыххæй мын Хазби цалдæр хат- ты рахъаст кодта. Чи зоны, йæ хæдæфсармæй аф- тæ дзырдта. Кæддæр мæ баййæфта Лоркæйы чиныг кæсгæ. «Æппæтæй тынгдæр дзы уарзын Маринæ Цветае- вайы тæлмац гитарæйы тыххæй»,— загъта Хазби æмæ дзурын райдыдта: Начинается Плдч гитары. Разб::вается Чаша утра. Начинается Плач гитары. 0, не жди от пее Молчанья, Не проси у нее Молчанья! Неустапно Гитара плачет, Как вода по каналам — плачет, Как ветра над снегами — плачет, Не моли се 0 молчаньс! Так плачет закат о рассветс, Так плачет стрела без цели, Так пссок раскаленный плачет 0 прохладноп красс камелий, Так прощается с жизпыо птица Под угрозон змснного жала. 0 ппара, Всдная жсртва Пягп проворпых кинжалов! Æз уыцы ’мдзæвгæ уый размæ нæ кастæн æмæ бацымыдис дæи. Ссардтон æй æмæ йæ уыцы бон —369—
æнæ чиныгмæ кæсгæйæ дзурын базыдтон. Хаз- бийы хынцмæ! * * * Иуахæмы мæ тухгæ сынтæг мемæ хæссынмæ фæзивæг кодтон. Зæронд бæмбæджджын мæ дæ- лармы атъыстон æмæ фæрвджынмæ фæраст дæн. Хазби схызти галиуварс къуыгтмæ. Стыр тулдзы бын тъæпæн æрбадти. Сихоры онг цыдæртæ фæ- цъæррæмыхстытæ кодтон, стæй мыл хуыссæг йæ тых æвзарын байдыдта. Бæмбæджджын дзæбæх- дæр райтыдтон æмæ мæ фазыл æрхуыссыдтæн. Æваст тæгæр фынæй адæн. Иу афон мын мæ галиу цонджы тæккæ фæтасæн цыдæр нылхыскъ кодта. Фехъал дæн. Армытъæпæн йæхигъдауæй æр- къæрцц ласта бæгънæг цонг. Мæлдзыг тымбылæй æртылди бæмбæджджынмæ. Хуыссæгхъæлдзæгæй йæм рамæсты дæн, фынæй кæнын мæ кæй нæ бау- агъта, уый тыххæй. Аракæс-бакæс кодтон мæ алы- вæрстæм æмæ æнæнхъæлæджы æбуалгъ нывæй мæ зæрдæ ныссæххæтт ласта: мæ уæрджыты цур ауыд- тон калм. Йе ’ргом — мердæм. Къахдзæфы бæрц ма йын баззади. Уыцы удаистæй мæ къæхтыл алæууыдтæн. Хæддзу уазæг йæ бынатæй не змæ- лы, æрмæст фæцырддзастдæр, зына-нæзына йæ сæр фæхъил кодта. Катайгæнгæ агурын исты цæ- вæнгарз. «Дурæй йæм æвналæн нæй — кæнæ йыл суайдзæи, кæнæ нæ»,—фегуырди мæ сæры. Кал- мæй мæ цæст нæ исын, афтæмæй агурын. Æппынæ- рæджиау ссардтон, метр æмæ ’рдæджы дæргъæн чи уыдаид, ахæм лæдзæг. Йæ кæроныл хæрз цы- быр саджилæг. Калм йæ бынатæй не змæлы, царддупау ныцци. Саджилæгæй йын йæ сæр ацах- стон. Цæмæпдæр æй аскъæфынвæнд дæр нæ код- та. Нылхъывтон æй хуырбын гæмæхмæ. Скатай, лæдзæгыл сыздыхтытæ. Амард, уый мæ куы ба- —370—
уырныдта, уæд æй фæндагмæ рахастон. Уæлхохæй дæлæмæ кæсы Хазби. Стæй сындæггай мæ цурмæ йæхи æриста. Æркæстытæ кодта калммæ æмæ уыцы уæзбынæй афтæ: «Цæмæн æй амардтай? Исчи ма бурхъус калммæ ’вналы?» (Æзынма мæ æппæлгæ ракæндзæн!). «Бурхъус у, саухъус у, уымæн æз ницы зонын — калм уыди ’мæ йæ амардтон»,— ба- хъуыр-хъуыр кодтон æз, стæй йын хабар биноны- гæй радзырдтон. Тыхстæн мæлдзыджы сæфтыл. Фыдæлты æмби- ■сонд йæ сæр баййæфта, ^мæгуыр: «Хорз ма ракæн æмæ фыд ма ссарай». * * * Хазбийы ’ртыккаг чиныг «Къахуынæр»-ы (1967 аз) цы ’мдзæвгæтæ ис, уыдонæй бирæтæ райгуырдысты Карцагомы мæхи цæстыты раз, дзæ- бæх сын зонын сæ ратæдзæнтæ, сæ ныффыссынæн цы цау, цы фембæлд, цы ныхас фæахъаз, уыдæт- тæ. «Къахуынæр» æз нымайын поэты сфæлдыста- дон сгуыхты райдайæныл, уымæ гæсгæ хъуамæ биноныгдæрæй ракæнон ие ’мдзæвгæтæй цалдæры кой. Уыцы бон та Хазби инпæ хæттытау сæумæцъык- кæй æрбадæлдзæх (арæх-иу ын йæ ацыд зонгæ дæр нæ бакодтоп). Ие ’рбаздæхынмæ æз дæр сы- стадтæн, мæхи ’хсгæ мæ ’рбаййæфта. «Апы бон диссаг фсдтон, — цымыдисæн, фæлæ йæ цин уром- гæйæ райдыдта уый. — Хъæды фæразил-базил код- тон, стæй мæнæ æрдузмæ куы ’рбахæццæ дæн, уæд дып сæгуыт мæ размæ куы фæуаид». Мæн фыццаг тынг нæ уырпыдтой йæ ныхæстæ (цуанæттæ ’мæ кæсагахсджытæ сæхиуыл алыхуызон хабæрттæ кæй æрымысынц, уый хорз зыдтон, фæлæ хъуыд- даг сæрæп бынмæ куы радзырдта, уæд ыл æууæн- —371 —
дын байдыдтон): «Мæн куы ауыдта, уæд бæласы сыфтæр æууилгæ-æууилыны йæ мидбынаты бан- дзыг, мæ цæстытæм мын комкоммæ кæсы. Иæ раз- заг къах зæххыл æртъæпп ласта, æвæццæгæн, мæ тæрсын кодта, стæй мердæм цалдæр къахдзæфы куы ’рбакæнид. Мæхиуыл ныххæцыдтæн. Сæгуыт исдуг алæууыд æмæ фалдæр ауади. Ног та ’рлæу- уыд, кæсы мæм. Стæй бæлæсты аууон фæци». Цалдæр боны фæстæ мын Хазби бакаст йе ’мдзæвгæ «Сæгуыт». Æрмæст хабар йæхæдæг дæр сцымыдис кæны адæймаджы, фæлæ дзы æппæтæй тынгд».ер мæ зæрдыл бадардтон фæстаг рæнхъытæ; Фæлæ тæрсын... Нæ мæм фæци гæрзтæ, Æмæ хъуызынц кæрæдзийы фæстæ Мæ зæрдæпы фæсмон æмæ æхсызгон. Бæлвырд психологон фæзилæн. Поэт йæ зæр- дæйы ныхмæ нæ рацыд, йæхи бахызта мæнг хат- дзæгæй. Уы-цы бонты уыдыстæм Фыййагдоны дæр, схыз- тыстæм Цымытимæ. Диссаджы хорз фысым иын разынди Гаппуаты Хадзыбечыр. Йæ хо Гадизæт пын уайсахат, сæ царвы чи ленк кодта, ахæм тæн- цъар уæлибæхтæ нæ уæлхъус авæрдта. Стæй кæрт- мæ нæхи райстам. Æз сывæллæттимæ ныхæстыл фæдæп, Хадзыбечыр æмæ Хазбн та мæсгуытæ æмæ зæппæдзтæ уынæг ацыдысты. Куы ’рбаздæхтысты, уæд мын Хазби йæ цин пе ’мбæхсгæйæ хабæрттæ ракодта. Мæсгуытæй, дам, иуыл ис егъау къухвæд, мæ армытъæпæнæй, дам, дыууæ хатты стырдæр. 2/æлдайдиста кодта, мæсгуыты дуæрттæн тулдз гуыдыртæуыди, зæгъгæ, куы фехъуыста, уæд. Æз дæр сцымыдис дæн æмæ, автограф кæуыл уыд, уы- цы мæсыг уыныимæ ацыдтæп. Æцæг диссаг уыд — —372—
бахизæны тæккæ фарсмæ чъырызмæсты уæлæ бæ- рæг дардта егъау армытъæпæн æмæ æнгуылдзты фæд. Ахæм къухæвæрд ис зæппæдзтæй дæр иуыл. Цымытимæ бал-цы фæстæ Хазби ныффыста æмдзæвгæты æнæхъæн цикл «Хæхбæсты фарн». «Ис ахæм лæг хæхты», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæйы сарæзта кæрдзындæттон, парахатзæрдæ хæххон лæджы фæлго::ц. Фæлæ ’мдзæвгæ фысгæйæ поэ- тæн йæ хъуыдæджы Гаппуаты Хадзыбечыр уыди. Уыдон хæдзары кæй федта, уыцы нывтæй иуæй-иу- тæ ссарæп г;с æмдгæвгæйы. «Фыдæлтон сыкъайы дын рахæсдзæп нуасæн». Ацы рæнхъ кæсгæйæ мæ зæрдыл æрлæууы’ æпæг хабар. Хадзыбечырмæ фед- там, йæ фыды фыдæй йын чи баззади, ахæм тигъ- джын агуывзæ, цæуы дзы... литры ’рдæгмæ ’ввахс. Фæстæдæр ма уый халдих агуывзæ федтон Ле- пинграды, «Сæрдыгон цæхæрæдон» кæй хонынц, уым музейы. Петр Фыццæгæмæн дам-иу йæ дæлбар адæмæй исчи истæмæй куы фæаххосджын, уæд ын иварæн уыцы агуывзæйы дзаг уырыссаг арахъхъ пуазын кодта. «Фæдзурдзæн дыи номгай æнæсгæрст къуыбыртæ, æрисдзæн дын мæсгуыты тулдзын гуыдыртæ, фæкæидзæн дын таурæгъ æнæпом лæ- гæты<л, æнаххос уды маст, хъайтары мæлæтыл...» Æцæгдæр пын фысым нæ фыдæлты цард æмæ тс- хы тыххæй бирæ хабæрттæ фæкодта. Фæстæдæр-иу Хазби арæх æрымысыд уыцы балц. * 1: * Мухарæн Хъæриуы хохрæбыиты иу къуыпп, иу дзыхъ æнæсгæрст нæ уыд. Уьтп базы-дтам, пемæ цуаны куы ацыдыстæм, уæд. Нæ балц райдыдта, пæма ’рбарухс, афтæ. Кæстæр дæ, зæгъгæ, мып ме ’фцæджы дыууæ цуанои топпы æмæ иу фон- дзæхстон æрцауыгътой. (Мухар хъæды хæдзара-
• ды ’хсæвгæсæй куыста æмæ фондзæхстон уырды- гæй рахаста, мыййаг, дам, арсыл куы фембæлæм). Уæдæ мыл фæндаггæгты хызын дæр «баууæндыды- сты». Хæрдты æмæ уырдгуыты иу-цыппар сахаты бæрц фæцыдыстæм. Ранæй-рæтты кæрдæг уæр- джытæм æххæссыди, дымгæйы уылæнтæ йыл фæд- фæдыл цыдысты æмæ йæ хуыз раив-баив кодта. Йе ’хсæнæй-иу сæ сæртæ сдардтой алыхуызон ди- динджытæ. Сæ хъыхъхъаг тæф атади цъæх-цъæ- хид сатæг уæлдæфы, сæр дзы зылди. Фæллайгæ дæр куыннæ бакодтон, фæлæ сдзурын чи уæнды: иуæй хистæр у нæ фæндагамонæг, иннæмæй Хъæ- риумæ схизыиы’ фæнд нæхицæй рацыди. Чи зоны, йæхинымæр ныл йæ зæрдæ фæхуда, ома, топпытæ уæм куы ничи ныддардта, цомут, зæгъгæ. Мухар нын, æвæццæгæн, нæ уавæр фембæрста æмæ сдзырдта: «Ихджын лæгæты аходæн скæндзыстæм, стæй иу чысыл нæ фæллад дæр суадздзыстæм. Уар- тæ уыцы лæбырд уынут?» Лæбырд афтæ дард нæ уыд, фæлæ топпыты уæзæй мæ бæхбæттæн дудын райдыдта Иу уæхскæй сæ иннæмæ цал ивды акодтсн! Æниу нæ тэппытæ та цæмæн хъуыди? Цыма мæп цуаны мæт и! Хъæриуы цъуппæй ра- кæс — уый æпдæр хъуыддаг у... Хызын Хазби йæ- химæ апста — фенцондæр мын. Мæпæ Ихджын лæгæт дæр. Цалдæр лæджы кæм баиæудзæн, ахæм арф ныллæгцар дурып агъуд. Къæвда æмæ хурæй замманай æмбæхсæн. «Хорз, фæлæ дзы их куы нæ уынып, уæд ыл их- джыиы ном цæмæн сбадти?» — фæрсын Мухары. «Гъы, нæй, дам, дзы их! — бахудти зæронд лæг. — Уæдæ-ма арфдæр бахиз». Рæбындæр бацыдтæн. Лæгæт куыд мидæмæ нарæгдæргæнгæ ацыди, стæй кæмдæр талынджы цар æмæ бын баиу сты. Дæлгом- мæ ’рхуыссыдтæн, мæ фазыл бабырыдтæн къуым- -374 —
мæ. Уалынмæ мæ къух бырынцъаг уазалыл аныдзæ- выд. Тыхтæ-фыдтæй дзы иу егъау къæртт расас- тон. Мæ рацыдмæ Мухар æмæ Хаэби сæнчытæ ’ртыдтой, стыгъдæй лæууыдысты газеты гæбазыл. Æрбадтыстæм лæгæты дзыхмæ цъæх нæууыл. Дзул, хъæбæр цыхт, æйчытæ. Авджыдзаг дæр дзы разынди. Их та нын доны бæркад атардта. Ирон арахъхъ мæм уæды хуызæн хæрзад никуы фæкасти. Нызтам авджы хъуырæй. Нæ уæнгты фæллад цы- дæр æрбаци. Ног та къулвæхстæ, нарæг бацæуæнтæ, уырд- гуытæ, æмдзæхгæр схизæнтæ. Мухар иудадзыг ра- зæй цæуы. Иу къулаив уæлхох быдыры, уæрджыты онг чи хæццæ кодта, ахæм кæрдæгæй æваст спæр-пæр ла- ста цавæрдæр маргъ, иу цасдæр атахт æмæ къар- диуы ныхыл æрбадти. «Хуыргарк у. Æвæццæгæн ын ам ахстон ис», — загъта нæ хистæр. Хазбиимæ цуанон топпытæм фæлæбурдтам, хъуыддагхуызæй æрхуыссыдыстæм кæрдæгыл. Хуыргарк, ярвæииæ- гæн, къуыппыл бадти (топпы кæсæнæй йын йæ къоппа дзæбæх æрцахстон): кæрдæгæй йæ уæлиау сдардта, тарст ракæс-бакæс кæны. Ныхъхъавыд- тæн. Хазби мæ разæй куы фæуа, зæгъгæ, уай- тагъд мæнгвæдæг æрбалхъывтон. Фæздæгæй уын- гæ дæр ницыуал акодтон. «Мæхи бар æй уагъта- ис», — загъта Хазби топп иуварс æрæ?æргæйæ. Бамбæрстон: ме ’хст фæдзæгъæл. Уæвтæ мæ маргъ исдуг рох дæр æрбаци: мæ хъустыл ма фæд-фæдыл пу-авд гæрахы ауад æмæ сцымыдис дæн. Уый уыд азæлд. Хохы алы ком, алы скъуыд дæр фæзмыдта топпы гæрах. Исты диссаджы хабар адæм дзыхæй дзыхмæ куыд фæдæттынц, уыйау. Дойпы ныл тьтх кæпыи бапдыдта. «Митмæ пæ бирæ пал хъæуы»,— комы ’рдæм амонгæйæ дзуры —375—
Мухар. Хохы саггæмттæй зыны бæзджын урс хъæ- пæнтæ. Хатгай ахæм тæссæртты цæуын бахъæуы, ’мæ лæг æпæбары хъуыдытыл фæвæййы, сæрсæфæны амæттаг фæуыдзынæн, зæгъгæ. Ранæй-рæтты хи- зæм лæсæны сæрты. Лыстæг дуртæ кæрæдзи сурæ- гау уырдыджы пыййарц вæййынц, сырддонцъиу- тау хæрдмæ гæпгæпгæнгæ. Мухары та ма цуаны мæт и. Амоны Хъæриуы хохы рæбынмæ. Уæлæ, дам, уыцы рындзмæ куы схизæм, уæд дзы кæд Хуыцауы фæндæй истæуыл фæхæст уанккам. Цы- мæ цы амарын ис йæ зæрды: дзæбидыр æви сычъи, арс æви сæгуыт? Фыр фæлладæй, фыр дойныйæ мæм дзурын дæр нал цæуы. Абондæргъы иу-фынд- дæс фæлтæрæиы скодтам: хæрд — уырдыг, хæрд — уырдыг. Ныххæццæ стæм митмæ. Зыдæй дзы хæ- рын. Авджы дзы йæ тæккæ хъуырмæ ныннадтон. Фæссихæрттыл схæццæ стæм, Мухар нын цы рындзмæ амыдта, уымæ. Нæ фæндаггæгтæй ма цы муртæ аззад, уыдоныл кæдмæ ауæрстаиккам?.. Зилæм, сгарæм тигътæ, къардиутæ, цъассытæ — никуы ’мæ иины. Рæстæгæй-рæстæгмæ аинæджы пыхыл ауындзынæ цæргæсы. Бады ’мæ дæрдтыл фæлгæсы’, цыма фыййау йæ ньгмæты тыхтæй йæ фосы дзугтыл иæ цæст ахæссы. Куы дæ ауына, уæд йæ базыртæ антынг кæндзæн æмæ арвыцъæхмæ йæхи сисдзæни. Дæрддзæфæй сывæллоны хъазæн- тау зыпыпц быдираг хъæутæ, сæрвæттæ, карст мæнæуы хуымтæ, хъæдтæ. Тæнæг донхуыз фæлм сыл цыллæхьмау æрхауди. Нæ фæстæ та æрдзы сфæлдисгæ егъау мæсыгау арвы цъæх-цъæхид къæп йæ фæтæн уæхсчытыл систа Хъæриу. Фæстæ- дæр ацьг ’мбисонды нывтæ Хазбипæн ныффыссын кæпдзысты ахæм рæнхъытæ: —376—
Зымгы уаст — сусæг катайау, Хæхтæ — бæрзонд, сæрыстыр. Къултыл чырынтæ куатæйы Апырх хъæугап Ирыстон. Мп ъ цæргæс ) рсспс базыртæп Схæд^-д спилæг Хъæрп^ыл... Рæгътæ мæ бынмæ — каузылдæй, Иунæг бæллпц — мæ риуы: Бавæр, ныуулæф зарæджы Иры сæрпæлтау зæрдæ! Къуылдымтыл, комы нарæджы Судзгæ фæтæх зынг зæлтæй! («Хъæриуы х^хы рæбын») Нæ хистæр Æфсатийы» лæвармæ ’нхъæлмæ кас- ти, мæпæн та мæ бæллиц Хъæриуы цъупп уыди, Хазбийы иу тæрхъусæй дыууæ цармы растигъын кæй фæпды, уый æнцопæй фиппайдтон. Уæдмæ бои дæр фæкъул. Фæндаг та — даргъ. Уæлæмæ цæу- гæйæ цы тухнтæ федтам, иу уый бæрц ма нын æв- заринаг ис. «Уæлдæр ма схизиккам, фæлæ ныл куы баиафоп уа», — загъта Мухар. Зын мын уыд æрдæгбалцæй здæхын, Хазбийы дæр нæфæндæгау кодта, фæлæ ’фсæрмæй пæ хистæры пыхасыл дыууæ нал загътам. «Хъуамæ ардыгæй нцххизæм Фæй- иæгкоммæ,— хъусып та Мухары хъæлæс. Скæсæ- иырдæм пæ разæй араст. Цалдæр рапы мæ авг мп- тæй байдзаг кодтон. Куыд тад, афтæ йæ пызтам. 1"1æ уа?алæн дæр ып нæ тарстыстæм — цæугæ- цæуыпы пын пицы хъом уыдн. Бирæ хæрдты æмæ уырдгуыты’ фæстæ æрхызтыстæм Фæйнæгкоммæ. Хæмпæлæй дзы акъахдзæфгæнæн нæй. Раст нæ сæпты кæсы. Мухар сардзипы дæргъæн лæдзæг —377—
ссардта æмæ нын дзы лыстæг пыхсыты, сындз- джын зайæгхæлтты ’хсæнты фæндаг гæрды. Цы- ма ныхас бакодтам — куыдхистæрæй нæ къæхты бынмæ кæсгæ хилæм кæрæдзи фæстæ. Уалынмæ бæзджын къудзиты астæуæй райхъуысти доны хæл-хæл. Лæджы фæд кæм иæй, уыцы тархъæды хъæбысы дойны, стонг æмæ стад лæгæн хохаг уа- зал суадон цы ад скодтаид, уый хъуамæ уæ цæ- стытыл ауайа. Зыдæй дзы нуазæм. Авджыдзаг дзы систон (афтæмæй дон-дон цыдыстæм). «Уæртæ сæгуыт!» — сонтæй фæхъæр ласта Хаз- би. Иууылдæр дзыхълæуд фæкодтам. Уый >ыди æнахуыр ныв. Хуры хохы сынæгыл æрæнцайын- мæ уылынджы бæрц йеддæмæ нал хъуыди. Дæрд- дзæф ран тала бæлæсты ’хсæнты рагъ уæрæх къа- хырæй кæм аззад, уым йæ сæрæй хъазгæ ’нцад- æнцойæ фæцæйцыди гæзæмæ бурбын сæгуыт. Й’ амондæн пæм дард уыд, æндæр ыл Мухар ницы хуызы бацауæрстаид. Бæлæсты аууон куы фæци, уæд мах дæр нæ фæндаг дардтам. Мухар-иу хæм- пæлтæ ссæндгæ куы аразæй, уæд-иу Хазбимæ су- сæгæй бадзырдтон, ай чердыгон лæг у, цалдæр уи- нуты баулæфын нæ цæуылнæ уадзы, зæгъгæ. Уь.й- иу йæ мпдбылты бахудти, фæлæ дзургæ ницы код- та. Хуыздæр бон ныл нæ уыд æмæ цухмухтæгæн- гæ дзæкъул-мæкъултæй æфсæрстам йæ фæдыл. Хъæумæ нæ бирæ нал хъуыд, афтæ нын цал- дæр хъæддаг хуыйы нæ фæндаг фæдæргæвст акод- той. Æри-ма топп, зæгъгæ ма Мухар, бæргæ, фæ- цырд, фæлæ уыдонæн сæ дымгæ дæр æрбайсæф- ти. Цииæй амардтæн — топп мæ ме ’фцæгæй æф- тауын пал бахъуыди. Изæрмилтæ дзæвгар фæбæзджын сты», афтæ ба- хæцпæ стæм хъæугæрон чысыл æрдузмæ. «Иу чы- сыл аулæфæм»,—бонсауизæрмæ йын цы ныхас- мæ ’нхъæлмæ кастыстæм, кæдæй-уæдæй уый зæ- —378—
гъын сфæрæзта Мухар. Мæхи цъæх нæууыл уæл- гоммæ аппæрстон. Цæстытæ дудынц, уæнгтæ кæ- рæдзиуьпл нал хæцынц. Куы цæрын, уæдæй ар- дæм ахæм фæллад никуы бадæн. Бинонты хъæлдзæг дзырдæппарæнтæ нæ скаст нал уагътой. Фæлвæрдтон ма хъæбæрдзыхæй дзу- рыныл, фæлæ мæ хъæлæс мæ коммæ нал каст, ай- чы хуылфæй цъиу куы уаса, уыйау ныцци. Доны былмæ тыххæйты раирвæзтæн. Фысымты чызг ма мыл уæныджы ’мбисонд фæсте ’рбазыввытт код- та: «Уæныг, кæдæм цæуыс?» «Хуыммæ, хуыммæШ» «Уæныг, кæцæй цæуыс?» «Х-у-ы-м-æ-й, х-у-ы-м-æ-й...» Цалдæр боны фæстæ Хазбиимæ горæтмæ куы ’рбаздæхтыстæм, уæд нæ дыууæйæн дæр нæ былтæ æмбисонды фаст ракодтой. Фæлæ нæм фæсмон не ’рцыди, Хъæриуæн йæ цъуппæй кæй нæ ракас- тыстæм, уымæй дарддæр. &ж # Карцагоммæ балц нын стыр ахъаз фæци. Ссæдз боны дæргъы хохаг уæлдæфæй риуыдзаг фæулæ- фыдыстæм. Хазбиимæ быитондæр балымæн стæм. Уæдæ афтидармæй дæр не ’рбаздæхтыстæм. Фæскуыст-иу горæты стыр уынджы иннæ ’мгæрттимæ куы фембæлдыстæм, уæд-иу нæ иу иннæйы хъазгæмхасæнты афарста: «Цæй, ницы зæгъыс?» Кæнæ-иу хъуамæ исчи искæй алхыскъ кодтаид: «Уæллæй, хонæджы каст кæныс». Хаз- би сæм-иу иу цасдæр фæхъуыстаид, стæй-иу афтæ: «Омæ уæртæ нæхимæ бауайæм». Æмæ-иу фылдæр хатт уыдонмæ цæугæ ’рцыди. Иуахæмы та уын- —379—
джы баиу стæм цалдæрæй. ’Хцайы мыггагæй кæ- мæ цы ис, уый æрæвæрæд æмæ кæрæдзийæн нæ хъæстытæ ракæнынмæ искæдæм бауайæм, зæгъгæ, погæй ныхас рауади. Бирæ радзур-бадзуры фæстæ не ’мбæлттæй иу нал фæлæууыди: «Мæнмæ гæсгæ нып Хазбитæм асламдæр ацæудзæни». Лæппутæ фыр худæгæй сæ гуыбынтыл иыххæцыдысты. 1967 азы уалдзæджы иæ фысджытæ иу къор- дæй уазæгуаты уыдысты Цæцæн-Мæхъæлы. Кæс- тæртæй семæ ахуыдтой Хазби, Малпты Васо æмæ мæп. Фысымгæ æдзух дис к?дтсй Хазбийы уæзда- пыл. Æгъдау æмæ йæм æфсарм æппæтæп уæлдæр æвæрд уыдысты. Фынджы уæлхъ\с лæг æнæ нуаз- гæ дæо кæм вæпйы! Фæлæ Хазбийы æпæхъуаджы ми акæнгæ ипкуы ничи фсдта. Кæддæрпддæр цы- ди хæрздасг æмæ ’фснайдæп. Грозпайы куы уыды- стæм, уæд- 1у бэп цалдæр хатты бацыд пæ къахы- дарæс сæрфынмæ. Мæхинымæр ыл дис дæр код- тон, поэт хъуамæ ахæм лыстæг хъуыддæгтæм йæ хъус куыд дара, зæгъгæ. Мæ удхæссæг сты, æддаг бакастмæ йе ’ргом æгæр чи здахы, уыдон. Алцы дæр хъуамæ бæрцапй уа. Хазбн, æддейы диди чи у, мидæгæй та тутт, уыдопæй нæ уыдп, ай-гъай. Йе ’дча-4 бз! аст хорз фидыдта йæ мпддунеимæ. Уый бæрæг у <йæ уачмыстæй дæр — куыд бинопыг, куыд хæрзгуыст сты! Ацы хъуыддаджы» тыххæй ма фæстæдæр зæгълзынæи, фæлæ 'ркæса:м поэты пп- нæ мипиуджытæм: царды дæр æмæ аивады дæр ныфсхаст, цæстуарзон, йæ дзырдæн хпцау, рæст- дзипады фарсхæцæг, æддаг бакастæй та аив, æфс- найд—æппæт уыдæттæн сæ рахæцæи иу у, кæрæ- дзиуыл каубыдау сты. Иу сæрды’гон бон Црауы фале æхсæркъохы т’езгъо кодтам, афтæмæй Хазби æмæ Малиты Ва- сойæн радзырдтон ахæм хабар. Нæ иумæйаг æм- бал мæм Мæскуыйæ тел пыццавта (Литературон —380—
янституты фæсаууонмæ ахуыр кодта æмæ сессийы уыд), иу туман мын рарвит, зæгъгæ. Мæнмæ кæ- нæ уыцы сахат æхца нæ фæци, æфстау ракурыи та мæм зын фæкаст, йе та мæ зивæджы адæргæй пæ арвыстоп. Цыдæриддæр у, уæддæр мæхи æгуы- дзæгæй равдыстоп. Хазби лæмбынæг фæхъуыста, стæй æппынæрæджиау комкоммæ загъта: «Æхсар, фæрæдыдтæ ’мæ афтæ макуал бакæ. Цыфæндыйæ дæр арвитып хъуыд æхца». Æнæуи дæр æфсæрмæй сыгътæн, пыр Хазбийы раст уайдзæфы фæстæ зæх- хыскъуыды ныххауыныл разы уыдтæн. Кæддæр мæм мæсты дæр сси. Цыдæр хъуыдда- джы тыххæй баиыхас кодтам: уал æмæ уал саха- тыл уым æмæ уым фембæлдзыстæм. Цы< ’фсон мын уыд, уый мæ зæрдыл нал лæууы, фæлæ афо- ныл не ’рбацыдтæн пысангонд быпатмæ. Хазби- йæн уый тынг хъыг уыд, ай-гъай. Не ’ввахсдæр æмбæлттæй фыццагдæр кæуыл амбæлд, уымæн рахъаст кодта: «Раст зæгъын хъæуы, æз ахæм...* митæ нæ уарзын». 1967 азы фæззæджы ацыдтæн Мæскуымæ Уæл- дæр литературон курсытæм. Цалдæр мæйы фæстæ Хазби дæр æрцыди столицæмæ: чипыгуадзæп «Ир» ып гъгапмт бахаста æмдзæвгæты ’мбырдгонд уы- рыссагау æмæ хъуамæ ссардтаид тæлмацгæнæг. Ацыдыстæм Переделкиномæ. Уым хъуамæ фембæлдапккам , поэт Александр Мсжнровимæ (Уæлдæр литсратурон курсыты ныи поэзнйы се- минары разамонæг уыд), цæмæй пып искæй баца- мыдтаид. Баййæфтам æй йæ кусæнуаты. Хатыр дзы ракуырдтам, стæп йын хабар бамбарын код- топ. Иу цасдæр рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ нын * Æнæфсарм ныхас. —381 —
бацамыдта Сергей Залины. Уымæй размæ йын йæ кой никуы фехъуыстон, фæлæ дзы Межиров. тынг æппæлыди. Ссардтам Залины, баныхас кодтам йемæ, Хаз- би йæм йе ’мдзæвгæты рæнхъæй-рæнхъмæ тæл- мацтæ радта. Фæлæ, мæнмæ гæогæ, Залин сæ ра- ивынмæ нæ сарæхсти, кæд Межировы редакци- гондæй хицæн чиныгæй рацыдысты (Хазбийы мæ- лæты фæстæ), уæддæр*. Тæлмацтæ сты æндзыг- гомау, туг сæ фаг нæй, Хазбийы æнæниз уды па- рахатдзинад дзы нæ хатæм... 1968 азы сæрд. Аивад æмæ культурæйы кусджы- тæн уыдис æмбырд (ныртæккæ профцæдисты об- лæстон Совет цы хæдзары ис, уым). Фæсæмбырд фысджытæн фехъусынчынди, Уæлладжыры коммæ, дам, фыййæуттæм агитбригад цæуы æмæ уæ кæд пскæй фæнды. Хазбиимæ ауынаффæ кодтам, стæй разыйы дзуапп радтам. Цалдæр сахаты фæстæ нæ «ГАЗ-69» скъæфта Æрыдонмæ фæндагыл: уымы культурæйы хæдза- ры агитбригадæйæ дæр цыди чидæртæ. Немæ уыд обкомы инструктор Дзарасаты Барис (Зуратбег дæр æй хоны’нц). Æрыдоны культурæйы хæдзарæй немæ рацыди дыууæ чызджы ’мæ дыууæ лæппуйы. Æрфысым кодтам Зæрæмæджы турбазæйы. Æм- бойны фембæлдыстæм фыййæуттимæ дæр. Сæ уæ- тæртæ уыдысты Нарæй иу километр рæбындæр1 Лиайы доны бы>л. Сæ цатыры ирон адæмон зар- джытæ æмæ фæндыры цагъд куы пыййазæлыды- сты, уæд сæ цинæн кæрон нал уыди. Хазби бакаст йæхи ’мдзæвгæтæй цалдæр (иу дзы бæлвырдæй * Хазби Дзаболаты. Обелиск и всадник. Стихи. Издательст- во «Ир», Орджоникидзе, 1970. —382—
юахъуыды кодтон — «Ис ахæм лæг хæхты»), æз та Плиты Грисы «Æртхутæгдон», Калоты Хазбийы «Зæхмæ курдиат» æмæ Кочысаты Мухарбеджы «Фæстаг салам» («Мыййаг, хæсты быдыры ис- куы...»). Æртæ ’хсæвы фестæм турбазæйы. Бон-иу фый- йæуттимæ фембæлдыстæм, бахæццæ стæм суанг Захъамæ дæр. Не ’мбæлццон чызджытимæ балы- мæн стæм, кæрæдзийæн алыхуызон хъæлдзæг анекдоттæ дзырдтам. Хазби дæр раздæры хуызæн мадзура нал уыди, худти, хъазæн ныхæстæй нал аэфсæсти, мæлгъæвзаг басгуыхти. Фадат фæуæв- гæйæ-иу чызджыты йæ разы ’рбадын кодта æмæ-иу хынцфæрстытыл схæцыди: «Чызджытæ фылдæр давæр лæппуты уарзынц?», «Уарзондзинад цы у сымахмæ гæсгæ» æмæ а. д. Фæлæ ам дæр зыдта бæрц. Изæрыгæтты» турбазæйы уыди хъазтизæртæ. Хазби дæр кодта европæйаг кæфтытæ. Иу райсом, не уæнгтæ аивазæм, зæгъгæ, ра- джы сыстадыстæм. Кæрты Хазби цингæнгæ сдзырд- та: «Турник дæр дзы куы и!» Йæхи йæм рогæн сæппæрста, йæ къæхтæ размæ асхуыста æмæ, уы- рыссагау «склепкæ» кæи хонынц, уый æнцонæй акодта. Стæй йæ гуыбыны цъарыл цалдæр хатты æрзылди. Куы ’ргæпп кодта, уæд йæ цæнгтæ ба- тыгдта æмæ цыма ницы уыд, уыйау загъта: «Уæл- лæй, фæуæззау дæн». Æз æм джихæй кастæн, мæ- хинымæр æм хæлæгæй дæр мардтæн: турникыл мæхи цалдæр исты скæнынæй дарддæр ницæмæ арæхстæн. * -н * Турбазæйы кæоты хæрхæмбæлд фæдæн мæ зопгæ Хъалæгаты Юрипыл. Педагогои .институты ну рæстæджы ахуыр кодтам. йемæ ма уыди дыу- -383—
уæ ’мбалы — инженер Хъуыссæты Барис æмæ ма- тематикæйы ахуыргæнæг Касаты Амырбег. «Цо- мут немæ Тырсыгоммæ»,— хъазгæмхасæнты фæ- кодта Юрий. Æмæ нын радзырдта, цы уынаффæ сæм ис, уый. «Уæд та ацæуиккам?» — фæрсын Хаз- бийы. Уый ахъуыды кодта æмæ фидарæй загъта: «Цы уа, уый уæд — цом!» Турбазæйы уæзласæн машинæйыл бацыдыстæм Захъамæ, стæй нæ хор- дзентæ не ’ккой баппæрстам æмæ гакъон фæндæг- тыл Абайтыхъæумæ бахызтыстæм, уырдыгæй фæ- хæрд кодтам æфцæджы ’рдæм. Адæймаг ахæм фæндæгтыл зынтæ цас фены, цин дæр уымæй къад- дæр нæ бавзары. Бастадтæ, фыр фæлладæй ма дæ иу къах иннæйы фæдыл ласыс, цæстытæ хидæй дудынц, дæ хæссинаг дын де уæхсчытæ ’лхъивы, фæлæ фæразыс, цыбæл дæ кæны рындзæй ракæ- сыны бæллиц, ног дунетæ феныны монц. Æфцæгмæ ма нæ дзæвгар хъуыди, афтæ нæу- дзармыл цалдæр бæхы хизгæ сæййæфтам. Куы нæ ауыдтой, уæд сæ сæртæ разылдтой, æнæууæнк каст кæнынц. «Уæд та сæ ’рцахсиккам? Нæ хордзентæ нын иу цасдæр уæддæр ахæсдзысты», — æваст сдзырдта Юрий. «Æмæ цы мæнг зæгъыс?» — йемæ сразы Хазби. «Ныууадзут сæ, — йæ къух ауыгъ- та нæ хистæр Амырбег. — Æпиу уын ахсын ба- комдзысты?» Уæдмæ Юрий æмæ Хазби сæ хор- дзснтæ ’рæвæрдтой æмæ бæхты ’рдæм фæраст сты. Махæн дæр гæнæч нал уыд æмæ сæ бафæз- мыдтам. Иу-фондз мипуты фæратæр-батæр кодтам бæхты, стæн дзы дыууæ нæ къухы бафтыди. «Кæй уæ фæпды сбадын?» — фæрсы- Хазби. Куы иичи разы кодта, уæд бæхы рагъмæ йæхн фехста æмæ йæ раздæхта. Инпæ бæхыл та Юрий сбадти. Хор- дзентæ сæм слæвæрдтам. Æнæдзылар, æнæсаргъ бæхтыл цас суадаиккой — хæйрæг йæ зонæг. Куы —384—
бафæлладысты, уæд æрхызтысты, бæхты уым дæ~ лæмæ расырдтой. Æфцæгмæ схæццæ стæм фæссихæрттыл. Фæ- стæдæр базыдтон: йæ бæрзæнд у 3132 метры*. Йæ рагъ гæмæх, саргъау æркъæлæт. Цæгатаг æмæ- хуссайраг дымгæ дзы хæрхæмбæлд фесты, цыма дзæбидыртæ сыкъайæ хæцынц. Бынæй цъитидæттæ æнусон цъæх ихты сахсæнæй раирвæзтысты, æз- фæраздæронæй тындзынц кæдæмдæр. «Уæртæ уый та Цъылийы ком, ’дон дæр афтæ хуыйны, Терчы райдайæн у», — дзуры Барис. Скæсæнырдыгæй комы хъæбысы æрныгъуыл- дысты Тырсыйы хъæутæ. Нæ изæр бахастам Рес- мæ. Иæ фысым— Хъуыссæты- Мураткæ. Сæ лыв- зæйы хæрзад тæф мæ ныр дæр нæма ферох. Уы- мæй размæ кæй нпкуы федтон, ахæм цыдæр кæр- дæджы ад кодта. Афарстон фысымты. «Фыдхос у,—дзуапп радта фысым.— Дæлæ фæндаджы былтæ седзаг сты ацьг кæрдæгæй». Фæстæдæр ма ахæм кæрдæгыл сæмбæлдтæп Латвийы. Кæнынц æй цыхтыл æмæ ’ндæр хæринæгтыл. Уырыссагау йæ ном — тмин. Иронау ма йын «фыдхосæй» уæл- дай ис дыууæ номы —«цъамалæг» æмæ «басгæр- дæг». Ресы фæстæ уыдыстæм Тырсыгомы иннæ хъæу- ты: Тъепы, Джимарайы, Бурмæсыджы, Суатъи- сы, Абанайы, Окрохъанайы, К/ьобы. Бурмæегджы нын фенын кодтой, мæсыгæн цы< тулдз гуыдыр уыд, уый. Бадтыстæм, Нарты кадджыты нæ кой кæ- мæн и, уыды кувæндон Тарапджелосы цур. Тыр- сыйы ком зыидгонд у йæ суæрттæй. Хуыртыл сырх- сырхид цъар сæвæодтой, афтæмæй ныппырх сты уæрæх дæлвæзтьт. Хъасарагомы Терчы был ис, йæ фæзуат иу-фынддæс квадратон *метры кæмæн у, ахæм донгуырæн. Цыма егъау цæтджипаджът дон пæлхъ-пæлхъæй фыцы, уыйау фынккалгæ, сырсыр- 31 Уаиимонгæ —385—
тæнгæ абузы æнæрæнцойæ. Куыд дзурынц, афтæ- мæй йæ сæрты маргъ ныллæджыты куы атæхы, уæд ын донмæ æнæрхаугæ нæй — цыдæр æнахуыр газтæ, дам, дзы цæуы уæлæмæ. Тырсыгоммæ балц фæахъаз нæ дыууæйæн дæр. Æрмæст Терчы донгуырæн кæй федтам, уый дæр бирæйы аргъ уыд. Хазби йе ’мдзæвгæ «Уæхскуæз куыстыты арвыстон мæ рагбонтæ» уæд ныффыста. .Мæнмæ дæр фæзынди цалдæр прозаикон миниа- тюрæйы, стæй æмдзæвгæ «Æфцæгмæ хизгæйæ». Æмдзæвгæйæ ссардтон Хазбийы ном æмæ йæ ми- ниатюрæтимæ иумæ радтон «Мах дуг»-мæ. Журна- .лы нæма рацыд, афтæ æнæнхъæлæджы фæмард Хазби. Æмдзæвгæйы номарæн исын бахъуыди. * * * 1969 азы 17 январы уыди нæ фæстаг фембæлд. Мæ каникултæ та ’рвыстон Дзæуджыхъæуы. Хаз- бийы уый хæдразмæ бон снысан кодтой чиныгуа- дзæны редакторæй. Райсомæй иу-дæс сахатыл фем- Ææлдыстæм Хазби, Джыккайты Шамил, Ходы Ка- мал æмæ æз. Телеуынанадмæ цыдæр хъуыддæгты фæдыл ссыдыстæм. Хазби уыди хъæлдзæг: йæ .зæрдæ кæмæй рад, ахæм куыст æм кæй æрхауд, уый тыххæй æви цæмæн — мæгъа. Ногдаст, йæ сæры- хъуынтæ дæр аив. Нæ хъуыддæгтæ куы ахицæн сты, уæд цыппарæй фистæгæй æрхызтыстæм къуылдымæй. Ныццыдыстæм Ирон уынгы-л. Не ’мбæлттæй иу (æнхъæлдæн, Шамил) дзурын рай- дыдта нæ литературæйы уавæрыл. Йæ цæрæнбон- ты, дам, ирон чиныг чи нæ бакасти, литературæйæн мисхалы бæрц дæр чи ницы ’мбары, хъуамæ, дам, нын нæ фыстытæн ахæмтæ аргъгæнæг суой (ныхас хауди обкомы кусджытæй кæмæдæрты, йæ нæр- хæбонты карьерæдзуан чи кодта, бæрзонд æмæ —386—
хъарм бынатыл фæхæст уæвын йе стырдæр монц. кæмæн уыд, уыдонмæ). Иууылдæр æрæнкъард. стæм, исдуг хъыпп-сыпп никæмæйуал цыди. «Цæ- мæй тæрсут, цæмæй!» — æваст райхъуысти Хаз- бийы фидар хъæлæс. Уый не ’ппæтæн дæр ныфсы хос фæци, не ’нтъыснæгдзинад æрбадæлдзæх, раз- дæры гаччы та сбадтыстæм. Уæдмæ ’рхæццæ стæм Цæдисты хæдзары цурмæ. Хазби хъуамæ баздæхтаид йæ куыстмæ. Кæрæдзийæн хæрзбон загътам. Тæккæ дуары щур ма нæм Хазби иу каст фæкодта, йæ рахиз къух уæлæмæ систа фæндарас- ты нысанæн, йæ сæр зына-нæзына батылдта æмæ мидæмæ бахывт. Æз æмæ Шамил та Ленины уын- джы дæлæмæ ’рцыдыстæм. Камал чердæм ба- зылд, уый нал хъуыды кæнын. Æхсæвиуат кодтон мæ хæстæджытæм (Æры- доны уынджы, 251 хæдзары). Æмбисæхсæв мæм фысымты ус фæфæдис, Бицъоты Гришæ, дам, те- лефонæй дзуры», Хазбийыл топп феваст, зæгъгæ. Сахатмæ ’ркастæн: цыппæрæм райдыдта. Талф-тул- фæй мæ дзауматæ акодтон æмæ феддæдуар дæн. Уынджы цъиуызмæлæг нæй. Сæрымагъзы фæдис- хъæр систа иунæг хъуыды: цы ’рбамбæлди Хаз- бийыл! Иу машинæ зынæг уæддæр куы фæуид! Хæдзары баййæфтон Мыртазты Барис, Бицъо- ты Гришæ (Хазбиимæ иу хæдзары цардысты), стæй сыхæгтæй кæйдæрты. Иууылдæр марды хуы- зæнæй лæууыдысты. Мидæггаг уатмæ бахизæны пъолыл æмæ дуары рахизфарс къулыл — туджы лыстæг пырхæнтæ. Мæ бацыдмæ Хазбийы- рынчын- донмæ аластой. Чысыл фæстæдæр фæзынди Мали- ты Васо дæр. Цыппарæй (Гришæ, Васо, æз æмæ сыхæгты лæппу) атындзыдтам горæты уынгты. Автобустæ нæма цыдысты — базары цурæй Ирыс- тоны уынгмæ нæ (ныр Плиты инæлары уынг — рынчындон уым уыд) фистæгæй цæуын бахъуыди. —387—
Сым дæр нæ никæмæй хауди. Тъæнджымæйы тыз- мæг æхсæвы фыдуацæй иууылдæр фæкуыддæртæ стæм. Æдзæрæг уынгты нæ къæхты зæлланггæнаг хъæр æмæ салд миты дæрзæг хъыс-хъысæй дард- дæр ницы фехъусæн уыд. Æрмæст Бицъоты Гри- шæйæ цалдæр хатты сирвæзти дыууæ удаист дзыр- ды: «Мæнæ диссаг!» Рынчындопы тыргъы баййæфтам Хазбийы< би- нойнаг Люся, Цæрукъаты Владимир æмæ цалдæр сылгоймаджы. Люся нæ куы ауыдта, уæд дзы цы- дæр æнахъинон хъæрахст схауди. Йæхи ныл æр- баппæрста. Тыргъы бандæттыл лæууыдысты» Хаз- бийы дзаумæттæ — пинджак, хæдон, хæлаф. Лю- сяйы къухы йæ туфлитæ, йæ хъæбысмæ-иу сæ нылхъывта, йæ катайæ не ’нцади. Чидæр бандо- нæй систа Хазбийы дарæс, æмæ зæхмæ ’ргæр-гæр кодтой еууы нæмгуытæй чысыл ставддæр зды га- гатæ. Люся-иу рæстæгæй-рæстæгмæ ахæм æвир- дъау цъæхахст ныккодта (фæлæ дзы> цæмæндæр цæссыг нæ хауди), æмæ-иу æм тыргъы лæуджытæ джихæй кæсгæ баззадысты. Иу рæстæг фæсабыр- дæр æмæ йæ афарстон, хабар куыд уыди, зæгъгæ. Ныр ма дзы авд азы фæстæ хъуыды кæнын ахæм пыхæстæ: «Æхсæвы иуæндæс сахатыл æрбацыди нæхимæ. Æз хуысгæ кодтон. Райсом цуаны цæ- уын, зæгъгæ, топп рахаста æмæ гилдзытимæ ар- хайы. Æз ып цалдæр хатты загътон, æнафон у, райсом сæ сифтындздзынæ, зæгъгæ, фæлæ нæ ба- коммæ касти. Иу афон гæрахæй мæ хъустæ акъ- уырма сты. Фæкастæн, æмæ Хазби пъолыл катай кæны. Топп ын йæ къухæй райсон, зæгъгæ, иемæ куыд схъуырдухæн дæн, афтæ райхъуысти дыккаг гæрах дæр. Гъор уыцы хъуырдухæиты рæстæг тоцп дыккаг хатт кæд мæхи къухы схæцыд, уæд- дæр нæ зонын». Бон-изæрмæ рынчындоны тыргъы фæлæууыды- -388—
стæм, дохтырты» минутæн фарст кодтам, фæлæ ни- ды ныфс æвæрдтой. Фыццаг æхстæй Хазбийæн фæ- цæф йæ галиу цонг (рæмбыныкъæдзæй уæхсчы ’хсæн), ды-ккагæй та — йæ хуылф (лыстæг зды гагатæ фæхуынчъытæ кодтой тъæнгтæ æмæ ахсæ- ны къултæ). Не ’ мбæлттæй йæм чидæртæ суади дыккаг уæладзыгмæ. Цыдæр тых мын ме уæнгтæ ныббаста, нæ мæ фæндыди Хазбийы ахæм кæуинаг уавæры уынын, не сси мæ бон йæ цурмæ бацæуын. Изæрырдæм нын дохтыртæ загътой: туг æм бауадзын хъæуы, фæлæ туг нæй. Цалдæр лæппуйæ машипæйæ рацыдыстæм тугисæн стапцæмæ, туг радтам æмæ фæстæмæ рынчындонмæ æрыздæхты- стæм. Иу-фараст сахаты сси, бон-изæрмæ къæбæ- ры хъæстæ нæ уыдыстæм æмæ, исты акомдзаг кæ- нæм, зæгъгæ, автостанцæйы бакомкоммæ хæрæн- донмæ бауадыстæм. Тагъд-тагъд цыдæр уазал хæ- ринæгтæ райстам, Хазби цæмæй фервæза, уый тыххæй Хуыцаумæ скуывтам æмæ та рынчындон- мæ атындзыдтам. Кулдуары цур ныл Цæрукъаты Таймураз амбæлд æмæ йæ цæссыгтæ сæрфгæйæ загъта: «Ахицæн». «Оу, Хазби», зæгъгæ^ма Кама- лы богъ айхъуыстон, стæй мын мæхи хъуыр дæр кæуын ахгæдта. Уый уыди 1969 азы 18 январы (сабаты)...
© ■ © ЧИНЫГАРАЗÆГÆЙ Хъыгагæн, Дзаболаты Хазбийы иунæг уацмы- сы бынмæ дæр нæй йæ ныффыссыны датæ ,(уы& хауы сауфыст варианттæм дæр) — нæдæр аз, нæ- дæр мæй, нæдæр бон. Поэт, æвæццæгæн, нымад- та: нæу ахсджиаг, кæд æмæ кæм фыст æрцыди æм- дзæвгæ, у ахсджиагдæр — цас фæцæрдзæни адæ- мы зæрдæйы... Уымæ гæсгæ, ацы чиныг аразгæйæ, хронологион фæткæй спайда кæнынæн фадат нæ уыди. Удæгасæй цы чингуытæ рауагъта Хазби, уы- дон равæрдтон, джиппы сæ чи куыд раздæр ра- цыди, афтæ: «Хæс» (1960), «Артдзæст» (1963), «Къахуынæр» (1967). Ацы æмбырдгæндтæм сæ за- маны алы æфсæнттæй цьг æмдзæвгæтæ нæ бахауд- та, стæй йæ амæлæты> размæ азты цы ног уацмыс- тæ ныффыста, уыдон та баиу кодтон æрдæгфыст чи- ныг «Уацамонгæ»-йы (Хазби-иу йæхæдæг арæх дзырдта, мæ цыппæрæм чиныг, • дам, æнæмæнг «Уацамонгæ» рахондзынæн. (Афтæ бакодтон, ацы чиныгæн йæ фьщцаг рауагъд куы цæттæ кодтон, уæд дæр (1974 аз). Чиныгуадзæн «Ир»-ы уæды сæйраг редакторы æнарæхст æвнæлдьи азарæй фыц- цаг рауагъды хæлд æмæ цыбыртæгонд æрцыдысты поэты цалдæр æмдзæвгæйы: «Царды быцæу», «Æнæном хæстоиты ингæны уæлхъус» æ. а. д. Ныр сæ уадзæм, автор сæ йæхæдæг куыд ныффыста, уыцы хуызы. Бацархайдтам, цæмæй поэты уацмыстæй фæс- вæд мацы баззайа: цæмæй йын чиныгкæсæг дæр, ирон, æвзаджы ахуыргæнджытæ дæр æххæстдæрæй æмæ алывæрсыгдæрæй рахатой йæ хæдбындур курдиаты хъомыс. —390—
р ■—■ ш ЧИНЫДЖЫ ИС: -«Дæн цæуыныл авд дæлдзæхмæ разы...» ... 3 Мæ биографи 4 Ходы Камал. Рухс фæндтæ хæссæг .... 6 ЧИНЫГ «ХÆС»-æй «Мæнæн нæу иппæрд дзыллæтæй мæ амонд...» . „ ^ Садойнаг райсом 15 «Дæ хæс цытджын æмæ егъау у...» . . . . ]^ Æрдз æмæ адæймаг 17 Геолог 18 •Фæндараст 19 Рæмудзæг 20 «Кæуыл æрцыди цинад, хъыг...» . . . . 21 Зæхх 22 Бабыз 23 Мæгуыр 24 Уылæнтæ 25 Дæтты быцæу 26 «Мæ фыд йæ ивгъуыд бонты цытæн...» ... 27 Изæрон хъуыды 28 Фын 29 Куы ссудза стъал’Ы , „1 Арты раз 32 <"Уæлæ йæ цъæх хъæбыс арвæн...» „ Вæрз 34 «Зарæг нывæндгæйæ..» 35 Куы уаид алцыдæр æнцон 36 Рæстдзинад 37 Баууæид мыл •••-•••. 38
Мад 39 «Кæддæр-иу мын исты куы радта мæ фыд...» . . 40- Стъалы 41 Мартъи-бон 42 Уый хуыздæр уыд 43 Хъ. Мыртазæн 44 Фæскуыст 45 Амонд 45 «Зонын, «уарзын», зæгъгæ, ’васт...» • • • • 47 Бæлон 48 «Ехх, дæ рус мæ русыл андзæвд...» .... 50 Фахсыл 51 Зæгъ-ма 52 Æрыскъæф 53 Æз хурæн бамынæгæй тарстæн 54 Фæлтау 55 Зæрдæ уал сайдæн нæ быхсы 56 Лекцийы фæстæ 57 Фæндыр 58 Зокъо 59 Миниуæг 60 Булæмæргъ 61 Дзæгъæлдзых 62 Æнгуз 64 Хъæд æмæ фæрæт 65 Тузар æмæ гæлæбу 66 Æнæрхъуыды 67 Æнæкъæдзил рувас - 68 Номæвæрæг 70 ЧИНЫГ «АРТДЗÆСТ»-æй Фæндагыл 77 Уый кæд æз пæ уыдтæн 78 «Лæг, фæразы йæхи уды риссæн...» 79 Мæныл цæуы фынддæс милуан азы .... 80 Тæссæй 81 —392—
.Мæскуыйаг хæлæрттæм Мæ мады ингæны уæлхъус Чызджы сагъæс Нымайы сахат... Ногбонты арфæ «У дæ фарн кæуылты...» Мæ чызгмæ Хæхтæ Мæ фыды цыртыл «Сæрд æрцыд...» Хæст Зарæджы тыххæй Мæ кусæг æмбæлттæм Чызгæрвысты Мады ном цæуыннæ фыссы лæг? Хæххон лæппуйы зарæг Артдзæст Зонды тыххæй Æвзонгдзинад «Ныхыл тадысты хиды æртæхтæ. Лæг хиуарзон у Бæргæ, дæхимæ искæцæй æрбакæ> Мæ фыдмæ Æцæг уарзт Газет кæсгæйæ Терчы был Зæрватыкк «Зæрдæ! Ды æвднсæн...» Æз мæ фæндты тахтæн æмæ Мыдыбындз Æххормаг аз æмæ сабибонтæ «Сæууоьг æртах бæласы хихæй... Бадæг чызджы зарæг Мæ зæрдыл дарын Дидинæг Авдæны зарджытæ -393
Хæхтæм 122* Сбон и... 123- Фæззыгон æхсæв ;24 Фæскъæвда 125 Фæззыгон быдыр 126- Хинæйдзаг нуазæг .97 Уæд æй куыннæ исынц йæ куыстæй? _ Чи зоны... ^, Суадон 13] Дардæй |32' «Тад миты хæрæзæй...» ^о Сырддонцъиу !34 «Зæрдæ хатгай цæмæйдæр ныккæрзы...» . . • 135- Ацæргæ лæджы сагъæс 135, Хорыбон 137 Мæ хæларæн 13Я Хæрæг æмæ бирæгъ . . . . . . • 139л Халон 140 Адæмон æмбисæндтæй 141 Уыд фыдуынд лæппу нæ хъæуы 142 Нырма ныр бамбæрстон... 143 Фæсбалц 144 Фын 145 Хуымæтæджы æцæгдзинад 147 Балцы цæугæйæ 148 Уынджы 149 Сымах цæрдуд, цæрæццаг ыстут, хæхтæ! . . .150 Фæрæстмæ 151 Фæдзæхст 152 Бынатахсæгæн . 153 ЧИНЫГ «КЪАХУЫНÆР»-æй ^Мæ мадмæ 155 Сонет ’абадгæ чызгæн 156 Сонет 157 Сонет сылгоймагæн . 158 —394—
.Хъуыддаг æмæ ныхас Сонет хæхтæн Фыдæлтæ-æмæ мах .Хæхтæм æрыздæхгæйæ Гимн хæдзары æфсинтæн Сидт хъæлдзæг дзырдмæ Быдырон хъуыдытæ Цард зоныны тыххæй Гутон æмæ кард Зынг .... Аргъау .... Райсом раджы гаккукгæнаг уасыд <Ис зæрдæйæн дæр гомриу арвау стъалытæ. Цæуын æз сау зæххыл... «Мæгуыргур никуы уыдис Иры...» Æз хæхты райгуырдтæн Ирон кафт .... Кæм мысынц дæу... Бонрухсы гимн Сагъæс æнæзонгæ æмбæлæгыл Къахуынæр 'Фæндаджы тох Денджызы хъазтæ Фæстаг тæрхон 'Фæндаджы уæз Адæм кæрæдзи уарзынц... Дугъон .... Хæххон кæсаг Царды быцæу Молядзян хох... Романтикон æмдзæвгæ Хъæриуы хохы рæбын Сæгуыт Ис ахæм лæг хæхты... Цыхтахсæг .... Хъуылæджы уынæрмæ хъусгæйæ —395—
Райгуырæн къæсæрыл 204 «Къæсæры Уастырджи!..» 205 Æнæхуыссæг æхсæв 206 Хъæууон райсом 207 Алæмæт-диссæгтæ 208 Мæ рагбонты хæлармæ 210 НÆРТОН УДЫХЪÆД Уырызмæг 211 Лцæмæз 212 Уацамонгæ 213 ХÆХБÆСТЫ ФАРН Сæууон азæлд 214 Дзуры æрдæгкалд мæсыг 215 Дзуры сæрсæфæн ком 217 Дзуры фыдæлты мæсыгыл уагъд къухвæд . . . 218 Цырт æмæ барæг 219 Дзуры хæххон фæндаг 220' ÆРДÆГФЫСТ ЧИНЫГ «УАЦАМОНГÆ»-йæ «Ис бирæ, тынг бирæ...» 222 Зарæг фæдисон æнусыл 223 Риторикон æмдзæвгæ 225 Балладæ 226 Разныхас «Нæртон цнкл» мæ .... 227 Нæртон сидт 228 Уæгъдибар сонет 229 Царды рæстæг 230 Таурæгъ 231 Зарæг хорз æмæ фыдракондыл 234 Фæстаг сахат 235 Цъити 236 Изæр уæтæры 237 «Æрдзæй стыр лæгтæн чи райгуырд...» . . . 238 Зарæг амонды тыххæй 239 —396—
«Ис м’ алфамблай цыдæр...» Райгуырæн къуым . .... «Уæхскуæз куыстыты арвыстон мæ рагбонтæ. Æнæном хæстонты ингæны уæлхъус «Æнæ Райгуырæн ницы ис...» Уарзоны зарæг мæйрухс æхсæвы Сагъæс мæ дзæгъæл æфсымæрыл Тæппуд лæджы сагъæс рагон уæлмæрды раз Зæрдæты æмцæф .... «Фæлмæн, зæрдæбын дзырд...» «Æз нæ уарзын лæджыуат сынтæг...» Романс «Ис æвзаг — кæй æмбарынц æппæтдæр...» Иумæйаг зиан Аласа- •> . . . ... «Куы хæссай зæрдæйы æмбуар...» Сæууон къахуынæр Горькийы фыстытæ кæсгæйæ Фашисттæ æхсынц Пушкины Куы скæнон искæй удæн зын Азтæ куыд цæуынц, афтæ... Адæм ирон фынгыл куы бадынц Сылгоймаг О, æвæццæгæн, ацы цъæх дуне... Фæззыгон хъæд «Цымæ-иу дидинæг...» «Æз ацы фарн бæсты..» .... «Дымгæ футгæнгæ цæгатæй...» Амонд нæй сгарæн уырзæй... Сæтæлæг («Урс чысыл дурау сæтæлæг...») Сæтæлæг («Иунæг сыбыртт кæнæ иу сым ..») «У ныр хъуыддагмæ гæсгæ кад...» Сау бæрцытæ Уыг Ныгæнынп шгфьтры . «Лæгмæ куыд фæцæуы цæрын...» —397—
«Чиныг фæлдахгæйæ...» — Искуы ..,,,.... 276 «Найзуст æз зонын иууылдæр Къостайы...» . . . 277 Балладæ фембæлдыл 278 Уынджы нывтæй 279 •Сонет 280 «Къæвда бон ма ныууадз дæ дзабыр...» . . .281 «Дард балцы йæ лæппуты æрвыста...» . . . 282 Хæфс 283 Дзуры хохаг тъæпæнсæр хæдзар .... 284 Ир 285 «Дон йе знæт гуылфæнты...» 286 Мæйрухс æхсæв 287 Пыл æмæ бындз (æмбисонд) 288 (С. Л.) * в -. « 289 Æнæном хæстонты ингæны уæлхъус .... 290 Царды къæсæрыл (поэмæ) 291 Æртæ ныхасы (аргъау) 302 Досаби (аргъау) • . . » . $ • е 309 ЭПИГРАММÆТÆ Мæрзойты Сергейæн 315 Бицъоты Гришæйæн 316 Цæрукъаты Валодяйæн 317 Малиты Васойæн 318 РАДЗЫРДТÆ Цæвæг 320 Сырх дзабыртæ 324 ТÆЛМАЦТÆ «Хъыгягй дæр сау фæздæг.. » (Зæронд хуссанраг поэзийæ) 328 «Дунейы сæфт —уыг бады...» 328 Саби авдæны (Шиллерæй) 329 —398—
«Сымах мæн арвæрттывд фæхонут....» (Бархи тæлмац Гейнейæ) 330' Ленкгæнæг (Мицкевичæй) 331 Мигътæ (Лермонтовæй) 332" Мæгуыргур (Лермонтовæй) 333- «Цæттæ сты, дидинæгау раст... (Аветик Исаакянæй) . 334 «Ныртæккæ та дард Гималайы хæхты...» (Аветик Иса- акянæй) 335 Цæргæс (А. Яшинæй) 336 «Ды амондджын уымæй фæхоныс дæхи...» (Бархи тæл- мац Гамзатовæй) 337 Туг æмæ цæссыг (Бархи тæлмац Гамзатовæй) . . 338 «Ызнон æз уынгты иунæгæй цыдтæн...» (Гамзатовæй) 339" «Æдыхстæй æрбацæуынц цæуджытæ уынгты...» (Гам- затовæй) 340 «Ноггуырд рæуæд авдæнæй...» (И. Курлатæй) . . 341 Уызын (Б. Заходерæй) 342 «Мæн дард бæсты искуы куы бафарстæуаид...» (К. Ота- ровæй) 343 «У, фынæй чызгау, мадзура ахсæв...» (К- Отаровæй) 344 Пискаревы уæлмæрд (С. Давыдовæй) . . . 345 Ма сдзурут, хæхтæ! (3. Тхагазитовæй) . . . 347 Фæстаг зарæг (М. Джалилæй) 35(Х Сау бæх урс митыл ахауд... (К. Кулиевæй) . . .351 ХЪУЫДЫТÆ ПОЭЗИИЫ ТЫХХÆИ Нæ фыдæлты бынтæ æмæ поэтикон культурæ . . 354 «Азæй-азмæ нæ литературæйы..» (Уырыссаг æвзагæй Ходы К. тæлмац) 356 Хъодзаты Æхсар. ^Емгары сурæт (Фрагментгæ) . 35?? Чиныгаразæгæй 390
Литературно-художественное издание ХАЗБИ ДУДАРИКОЕВИЧ ДЗАБОЛОВ Волшебная чаша Стихи на осетинском языке Редактор 3. У. Дзуцева Художник Т. X. X у д и е в Художествениый редактор В. А. Биджелов Техничсский редактор В. Б. Г а в р и н а Корректор Б. А. Толпарова ИБ № 2185. Сдано в набор 04.11.91. Подписано к печати 11.08.92. Формат бумаги 70х1007з2- БУМ- тпгт- № *• Гарн. шрифта литературная. Пе- чать высокая. Усл. п. л. 16,12. Усл. кр.-отт. 16,37 Учетно-изд. листов 9,78. Тиоаж 1000 экз. Заказ № 398. С 16. Издательств^ «Ир» Государственного комитета Северо-Осетин- ской ССР по делам издательств, полиграфии и книжной тор- говли, 362040, г. Владикавказ, проспект Мира, 25. Республиканская книжная типография им. В. А. Гассиева Го- сударственного комитста Северо-Осетинской ССР по делам издатсльств, полиграфии и книжной торговли, 362011, г. Вла- дикавказ, ул. Тельмана, 16.