Text
                    Цæрукъаты Валодя
ЦЪУПХУДДЖЫНТÆ
Радзырдтæ кæсдæр æмæ
астæуккаг кары скъоладзаутæн
Чиныгуадзæн „ИР"
Орджоникидзе * 1972


С(Осет.) Ц42 С(Осет.) Цæрукъаты В. Ц 42 Цъупхудджынтæ. Радзырдтæ кæсдæр æмæ астæуккаг кары скъоладзаутæн. Орджоникидзе «Ир», 1972. 49ф. с плл. 7-6-2 52-72М
Лæппу галты кæвдæсы раджы райхъал, фæлæ йæ нæ фæндыд йæ цæстытæ Ьайгом кæнын. Цы фендзæн й’ алыварс, уый зыдта, æмæ дзы зæрдæ ницæмæй ба- рухс уыдаид. Зæронд самандур скъæт... Зылын фæрв æрæфтæ тыхуырæд кæнынц бæзджын сау хъæмп... Скъæты пъол ам-уымты ныттындтытæ и галты, бын, бæзджын фаджысдон дзы мынæг æрттивы чысыл ру- 3
дзынджы рухсмæ. Астæуцæджындзтыл баныхæстысты галты - хъуыны бындзыгтæ. Хъылма-тæф ныббадт къуымты. Скъæт æдзæмæй хъусы йæхимæ. Сырддон- цъиутæ райсомæй бæргæ фæуасынц скъæты царæй. Ныр сæ хъæр никæцæй хъуысы. Цымæ уыдон дæр хи- цæуттимæ алыгъдаиккой?.. Æви гæрæхтæй фæтарсты- сты. Искуы та ацы скъæт галты цоппайæ нæ байдзаг уыдзæн, фыййагæй фаджыс нæ хафдзæн æмæ хицауы æлгъыстмæ нæ хъусдзæн, уый нæ уырныдта лæппуйы, æмæ та кæвдæсы, самандур къулæй кауы æхсæн, кæр- цы къæриты йæхи ныттымбыл кодта, цыма уымæй йæ тухæнты æмгъуыд æцæгæй адарддæр уыдаид. Хорз у ам — къуымрæбын, Сикъойы бынатьг. Си- къо ам баст вæййы. Пъол чысыл уырдыггомау у ацы ран, хусдæр, хъармдæр. Сикъо ам баст уымæн вæййы. Уæдæ дзы хуыздæр кæй бабастæуа! Галтæй Сикъойæ фæлмæнзæрдæдæр нæй, æмæ йæ бынат дæр хуыздæр уымæн у, дзæбæхдæр хос ын авæр — уый дæр тæригъæд нæу. Æууилдзæн хосы цъупп, йе ’взагæй йæ ссивгæ цæудзæн мидæмæ æмæ дæм бузныджы каст кæндзæн. Ех, уæд тагал фест... Кæрдæг бирæ алы ран дæр, хæр, кæд дæ бафæнда æмæ дæ цас хъæуа, уыйас. Зы- мæг та — хос, хъæллæгъ. Цъата æмæ лæхурæг дæр æм æрхауы. Нæмгæ дæр æй ничи кæны. Æххуырст Гæдой, быдыры хуым куы фæкæнынц хицауæн, уæд иуæй-иу хатт йехсæй æрцъыччытæ кæны галты. Фæлæ йæм уай- тагъд фæсмон æрцæуы: «Æгомыг фос тæригъæд у. Ни- цы дзуры, зæгъгæ,— уымæн дæр зæрдæ и...» Лæппу йæхи нылхъывта кæвдæсы фæлхæрттæм. Уыдонæй йæм цыд Сикъойы хъарм комы тæф. Мысыд, уыгæрдæны-иу фæсхуым галы фарсмæ куыд бафынæй, кæнæ-иу ын йæ агъды джыбытæ куыд æфтыдта... Æмæ йын уыцы хъуыдытæ йæ зæрдæйæн тафс лæвæрдтой. 4
Чи зоны, бафынæй ма уыдаид, фæлæ йын нал бан- тыст: дуарæй иу лæг æрбакаст... Хицауы стыр’ хæдзар. Ныр йедтæмæ дзы мидæгæй никуы уыдис. Ныр дæр хицау ам куы уаид, уæд æй нæ бауагътаиккой. Фæлæ ацы ног адæм æндæрхуызон сты. Сæ дарæс дæр, æнæуый дæр. Сбадын æй кодтой бандоныл. Йæ тæккæ раз æрбадти, скъæтæи йæ чи ра- кодта, уыцы лæг. Æвæццæгæн, уый ацы лæтты æмæ дæлæ кæрты уыцы бирæ бæхты хицау у. Иннæтæн сæ фылдæрыл—даргъ цинелтæ, цъупхудтæ, ис дзы ирон дарæсы дæр. Мæнæ æрмæст ацы лæг дары цæрмын къурткæ, сау уæлдзарм худ сырх-сырхид хæцъилимæ. Иннæтæй хисдæр кæй у, уый бæрæггæнæн. Сырх хъуы- мацы гæппæлтæ хуыд ис цинелтыл дæр æмæ цъупхуд- ты ныхтыл дæр, фæлæ амæн сырх хæцъил йæ бухарху- дыл уæле дæлæмæ уагъд æмæ худы мидæмæ ссывд у. Лæг йæ дынджыр армæй бавнæлдта лæппуйы сæрмæ. — Цæуылнæ исты дзурыс? Дæ худ ма сис! — сис- та уый дæр йæ гæмæх бур уæлдзарм худы зæронд. — Гъе, цы сау лæппу дзы ис!—армæй йын йæ пыхцыл сæр лæгъзытæ кæны. Лæппу бамбæрста, ацы æнахуыр адæм ын тæссаг кæй не сты, нæмынмæ дæр æй гёæй нæ хъавынц, æмæ йе ’ххормаг йæ зæрдыл æрбалæууыд. — Дæ ном куыд у? — Сидзæр... — Сидзæр?! Ома?.. — Афтæ у мæ ном — Сидзæр... — Æмæ дын æндæр ном нæй? — Нæгъа. Æндæр ном ма йын уа, ууыл никуы ахъуыды код- та Сидзæр. Сидзæрæй йæм дзырдтой иууылдæр — хи- цау, сыхæгтæ, стæй йæ лымæн Гæдой дæр. — Дæ мад æмæ дæ фыд чи сты? Кæм сты?
— Нæ зоиын. — М-м... — лæг арф ныуулæфыд. Сйдзæры мæл- лæг уæхскыл йæ арм æрæвæрдта, бирæ йын фæкаст йæ цæстытæм. Æрæджиау кæмæдæр адзырдта дуар- мæ: — Исты ма нын фенут, мах Сидзæримæ аходæн скæнæм. Уайтагъд иу бурхил лæг, хъуырыл æфтаугæ разда- рæн йæ уæлæ, ахæм, æрбахаста урс-урсид дзулы æр- дæг, къусы дзаг дзидзаджын хъæрмхуыпп æмæ сæ дыууæ æфсæйнаг уидыгимæ стъолыл æрæвæрдта. — Георги куыддæр фæзына, афтæ — мæнмæ! — адзырдта лæг хæринагхæссæджы фæстæ, æмæ йæ уи- дыгæй^хъæрмхуыпп азмæста. Уым бирæ уыд дзидзайы кæрстытæ. Сидзæр базыдта, ацы адæм сырхытæ кæй сты, кæй ныхмæ хæцынц, уыдон та—урсытæ. Иæ зæрдыл æр- балæууыдысты, Гæдой хицауæй куы лыгъди, уæд кæй загъта, уыцы ныхæстæ: «Æз сырхытæм цæуын. Мæнæ æрцæуой, стæй х:ицауæн базондзыстæм!..» Сидзæр дæр йæ уидыг æрбайста. Ахæм адджын хæ- ринаг никуыма бахордта йæ дунейыл. Сидзæр баззад цъупхудджынтимæ. Бахъуыртхъом ис. Схæцыд йе уæнгтыл. Йæ дарæс дæр ын аивтой, сæлвыдтой йын йæ пыхцыл сæр. Стыр хæдзары уæт- тæй иуы цы абанагонд сарæзтой, уым ма йæ найынмæ - дæр хъавыдысты, фæлæ бафсæрмы кодта лæгты цур йæхи сбæгънæг кæнын. Бирæ хъазæн ныхæстæ фе- хъуыста уæд. Хъарм зæрдæ йæм дардтой иууылдæр сæ командир Ибрагимы хуызæн. Ибрагим цæуылдæр тыхсти, арæх-иу ацыд бæхыл æмбæлтты къордимæ, æхсæв дæр-иу баззад æддæ, фæ- лæ та-иу ын æнæ фæзынгæ нæ уыд. Йе ’рбацыдæй-йу йæ фарст фæраздæр: — Георги нæма ис? Сырхыты къорд йæхи цæмæдæр цæттæ кодта. 6
Цъупхудджынтæ зылдысты бæхтæм, æмпъызтой сæ дзаума, къахыдарæс. Сидзæр дæр сын кæм гæрзыл хæцыд, кæм дон хаста, кæм — цы. Хæцæнгæрзтæм æв- налын дæр æй уагътой. Куыд ивтындзын хъæуы дам- баца, куыд æхсын хъæуы фондзæхстонæй, — базыдта. Нал æй фæндыд цъупхудджынтæй фæхицæн. Иæ- хинымæр удхар кодта иу хъуыддагыл: куы цæуой ар- дыгæй, уæд æй семæ ауадздзысты сырхытæ? Науæд ам куы баззайа, хицау куы ’рбаздæха, уæд та йыл алы хатт дæр над уайдзæн... Ибрагимæн зæгъид, фæлæ йæм нæ уæнды... Хæринаггæнæджы æххуысгæнæг у абон Сидзæр. Бады дæлгоммæ фæлдæхт тæскъыл. Йæ разы пъо- лыл — картофты чысыл кæри. Фелвасы картоф, рæвдз æй астигъы йæ чысыл хæрынкъайæ. Уайтагъд урс, кар- тофы лупп фæцæуы ведрайы. Картофтæ ноджы тагъд- дæр та стигъы хæринаггæнæг, буррихи тыппыррус лæг. Бады йæ бакомкоммæ табуреткæйыл. Уый ирон лæг нæу. Сидзæр ын йæ иугай ныхæстæ æмбары. Хорз цæс- ^ тæй йæм кæй кæсы, уый та сæ фыццаг фембæлдæй дæр бæрæг уыдис. Ахæм пумпуси дзул æмæ хъæрмхуыппы къус æрмæст хорз адæймаг ратдзæн лæгæн. «Моло- дец!» — бакæны лæг æмæ йæ цæст фæныкъулы Си- дзæрмæ. Лæппу дæр йæ мидбыл бахуды æнæдзургæ- йæ. Уынгæй æрбайхъуыст барджыты гыбар-гыбур. Кæрт айдзаг цъупхудджынтæй. — Георги æрбахæццæ! Мидæггаг уатæй уыцы хъæрмæ разгъордта Ибра- гим. Сидзæр рудзынгæй уыны: къорды командир бæх- джынтæй иумæ бауад, фыццаг йын йæ къух райста, стæй йæ йæ хъæбысы фелвæста. Цыдæр зонгæ йæм фæкаст уыцы сырхæфсæддон. Æрдæгыстыгъд картоф аппæрста Сидзæр, кæртмæ разгъордта. — Гæдой! — Сидзæр!
Гæдой йæ къухтыл хæрдмæ, йæ цъупхудæй уæл- дæр, фелвæста Сидзæры. . -*- А-а! Зонгæ куы стут! — хъæлдзæгæй загъта Иб- рагим.— Цомут мидæмæ æмæ ауынаффæтæ кæнæм уæдæ! ...Уыцы бон Сидзæр бирæ ног цыдæртæ базыдта æмæ бамбæрста йæ царды. Гæдоимæ кæмæн куыстой, уый — Бечыр — йæ фыды æфсымæр у Сидзæрæн. Йæ- хи фыд та мæгуырты фарс уыди, революционер, æмæ йæ Сыбырмæ фесæфтой. Йæ мад уый размæ дæр рын- чынтæ кодта. Уайтагъд æруатон. Бирæ нал ахаста. Бе- чыр хæдзары мулк иууылдæр йæхи бакодта. Æлгъыс- та йе ’фсымæры æмæ йæ чындзы, кæм стут уым, дам,. дæлдæр ныххаут, мæн, дам, адæмы цæсты чи бафтыд- та. Мæ мады зæнæг æфсымæр, дам, калм разынд. Си- дзæры скаст никуы ’ бауагъта æфхæрд æмæ надæй. Стæй йæ ном Сидзæр нæу, фæлæ — Темырболат, Гæ- дой дæр Гæдой нæу, фæлæ — Георги. Изæры æрæгмæ бафынæй. Хъуыдытæ йæ сæры ныц- цæнд сты, зын бакусæн уыдысты цыппæрдæсаздзыд лæппуйы зондæн. Фæлæ дзы иу хъуыды уыд бæлвырд^ иннæтыл — уæлахиз: Сидзæр нал фæхицæн уыдзæн цъупхудджынтæй. Бон цъæхтæ кодта. Гæдой мæгуыр.дарæсты æрлæу- уыд Сидзæры хуыссæны раз. Бауыгътытæ кодта лæп- пуйы. Уый йæ адджын фынтыл , уыд, фæлæ Гæдойьг куы базыдта, уæд йæ хуыссæны рабадт, йæ цæстытæ аууæрста. — Сыст. Цæуын нæ хъæуы. Мæнæ адон скæн... Гæдой йын кæмдæр ссардта йæ кæрцы къæрит, йæ гæмхетт уæлдзарм худ. Сидзæр æнæ стыфæй кодта,, Гæдой йын цы дзырдта, уый. , Цалдæр минуты фæстæ хъæуы æдде фесты æнæ- саргъ бæхыл. Гæдой разæй бады, Сидзæр — йæ фæ- сарц. Бахызтысты доны. Ныр Гæдой бæхы фæзылдта 8
хъæдырдæм. Лæппуйы- фæнды бафæрсын: кæдæм цæ- уынц? Фæлæ Гæдой уыцы мадзура у. Сидзæрæн йæ- химæ дæр дзурын нæ цæуы уа-раджы. Къалиуы цъыкк фæцыд лæппуйы русыл. Чырс æр- калди йе ’фцæгготыл, йæ къæбутыл. Хъæды сты ныр. Сидзæр фидардæр æрхæцыд лæджы астæуыл, йæ фæ- сонтæм ын балхъывта йæ сæр, къалиутæй тæрсгæйæ, ныцъцъынд кодта цæстытæ дæр. Фæцыдаиккой дзæв- гар, дзæвгар. Къалиутыл сæхи кæй нал хафтой, уы- мæй базыдта Сидзæр, хъæдæй кæй рахызтысты. Ра- каст йæ цæстыдзагæй. Куыд æнхъæл уыд, афтæ хъæды арфмæ нæ бацыдысты, фæлæ кæрæтты-кæрæтты бав- вахс сты сыхаг хъæумæ. Ныллæг къудзиты ма бауады- сты ноджыдæр дыууæ версты бæрц. Гæдой та ам хъæу- мæ фездæхта, схызт рагъгондмæ. Зæронд тæрс бæласы бын æрурæдта. — Ам нæ улæфт суадзæм,— загъта Гæдой, рар- гъæвта лæппуйы, æрхызт йæхæдæг дæр. Бæхы дзыла- рæй тæрс бæласы зæбул къалиумæ абаста. Бæласы ау- уонæй рухсдæр ранмæ рахызт æмæ афæлгæсыд дæлæ- мæ, хъæуырдæм.—Хорз уалдзæг куы ахæсса, уæд мартъийы фæудыл зæхх хуымæн бæздзæн. Дæлæ ’кæ- сыс: фылдæр рæтты мит атад, зæхх сулæфынмæ хъа- вы... Лæппу хорз æмбæрста, Гæдоймæ ныртæккæ ахс- джиагдæр дзуринаг кæй ис, æмæ æмбаргæ лæгау æн- хъæлмæ каст. Хурыскæсæн сырх-сырхид афæлдæхт дæрдтыл. Хур нæма сзынд, фæлæ æрвгæронæй судзгæ фæтты куырис сдардта хæрдмæ... Сидзæры фæндыди хуры скаст фенын. Нал ны- къуылдта йæ цæстытæ. Нал, нал! Уайтагъд ын афæл- ладысты æмæ сæ æнæнхъæлæджы фæцъынд кодта. Ху- рæн цыма уæдмæ уыдис йæ хъавд: лæппу йæ цæстытæ цалынмæ гом кодта, уæдмæ йæ был сдардта æмæ хæ- 9
лæф-хæлæфæй бæзджынгæнгæ цыди. Уайтагъд тæрс бæласы ихцъарыг къалиутыл зынг бафтыдта. — Хорз афон æрбахæццæ стæм,— сдзырдта та Гæ- дой. — Бон куыд рауайдзæн, уый бæрæг нæу: исты акомдзаг хъæуы, — йæ дзыппæй дзулы хай æмæ хъæ- бæр цыхты ’рдæг систа. Æрæвæрдта сæ тæрсы уæлуи- дагыл. — Кæд дæ зæрдæ нæ агуры, уæддæр ахæр.— Дзуццæджы сæхи æруагътой. Хæрынц. — Дзæбæхдæр ахæр. Дæу цæуын хъæуы. Дæлæ хъæу уыныс? Уыр- дæм ныццæудзынæ, базондзынæ, урсытæ дзы ис, æви нæ. Цы ми кæнынц, цас сты — уый дæр базон, кæд гæ~ нæн уа, уæд. Азил уынгты, фæдзæгъæл дæн-иу зæгъ. Дæуыл ничи фæгуырысхо уыдзæн, мæн уым бирæтæ зоны, Бечырæн-иу йæ базайрæгтæ ластон бричкæйæ. Ардыгæй мын æнæ дæу ацæуæн нæй. Бамбæрстай? — О. — Тæрс бæлас дæ зæрдыл бадар. Ацы ран амæй стырдæр бæлас нæй. — Нæ мæ ферох уыдзæн. Стыр хъæуæн раст йæ тæккæ дæллаг кæронмæ ных- хæццæ Сидзæр уæрæх астæууынгыл. Цалдæр хæдзары дуармæ федта хъазахъæгты бæхтæ, сæ хицæуттыл: дæр сын арæх æмбæлд уынджы. Лæппу-иу сын фæн- даг радта. Йæхи йын фиппайгæ дæр ничи кодта. Ныр йæ зæрды уыд иннæ уынгыл раздæхын, йе ’мбалмæ- ацæуын хъæды кæронмæ. Иу чысыл суад, аивæй кæр- тытæм хъахъхъæнгæ. Аргъуанмæ æввахс йæ цыд фæ- сындæг: кæрты бирæ змæлджытæ уыд æмæ кæддæра цы сты. Æфсæддон адæм уыдысты фылдæр. Сисрæбыы зындис цалдæр сармадзаны замманай фидарцалх- джын гуыффæты. — Æ, мæнæ куыдзы хъыбыл! Ам цы агурыс? Лидзынмæ байрæджы Сидзæрæн: йе ’фцæккотыл ын фидар хæцыд дунейыл тæккæ æнæуынондæр лæ- джы къух. Фыццаг йæ уд тынг ауад. Куыдфæстæмæ йе 10
’муд æрцыд. Сусæг ныфс ын лæвæрдта, сырхытæ йæ лымæн кæй сты, Ибрагим йæ фарс кæй у, уыцы хъуы- ды, æмæ фæфидари. — Æз кæй фæрсын? — Сымах агуырдтон æз дæр... — Куыд мах агуырдтай! Æви .ды дæр хæффындз- хор Гæдойы лымæн дæ? И-и?—Æмæ йын Бечыр йæ хъус æнæвгъау сивæзта. Рисæй уыйас нæ, тынгдæр æфсонæн скуыдта Сидзæр: кæд ыл нæ фæгуырысхо уа- ид. Бечыр ын йæ хъус суагъта æцæгдæр. Æрмæст йæ хыл нæ фæкъаддæр: — Гæдой нын ныр большевик у. Сымах болыневиччытæ стут иууылдæр! Цæугæ мæ ра- зæй! Сидзæр хорз æмбæрста, «сымах» кæй хоны, уый. Сидзæрæн йæ фыдæй дæр зæгъы Бечыр. Йæхи ’фсы- мæрæй. Бечыры бæсты Ибрагим куы уаид йæ хæстæг Сидзæрæн. Бечырмæ Ибрагимы кой дæр уыд, мæнæ, дам, æм а-дыууæ боны бæрæг уыдзæн, йæ бадæн ын базыдтам æмæ йæм фæцæуæм. Булкъон, дам, Дзæу- джыхъæуæй куыддæр фæзына, афтæ уый куыст кæн- дзыстæм: маргæ, хохо — Ибрагимы! Иу бæрзондамад агуыридур хæдзары кæртмæ ба- хызтысты. Ам уал ме ’рбацыдмæ бад, стæй аныхас кæндзыстæм, зæгъгæ, Сидзæры сарайы дуарæй ба- схуыста æмæ йыл æвдузæн дзæбæх æрæхгæдта. Лæппуйæн йæ зæрдæ Гæдоймæ тынг кæй æхсайдта, уымæ гæсгæ Бечыры ацыды фæстæ алидзыны амал агурын райдыдта æмæ йæ уайтагъд ссардта: бинаг- хъæдьгбын хуынкъ разынд й’ амондæн — абырыд дзы æмæ цæхæрадæтты афардæг. Уымæн йæ дыккаг бон изæрæй Сидзæр сæпп кодта Ибрагимы сырхæфсæддонты къордимæ гæрзифтонгæй. Саргъы бæх йæ быны, ног дарæс йæ уæлæ, дамбаца йæ фарсыл. Командир ын загъта, цæмæй цæуа отряды фæстæ. Нæ бакоммæ каст ацы хатт. Сындæг-сындæг 11
размæ бацыд, Ибрагим æмæ Гæдойы йæ цæстæй куыд уыдтаид, афтæ. Иузаман Ибрагим ныхъхъæр ласта. Сырхæфсæд- донтæ сæ бæхты размæ ауагътой. Уайгæ-уайын чи йæ фондзæхстон фергъæвта, чи йе ’хсаргард фæцъортт кодта. Райхъуыст гæрæхтæ. Уый райдыдта хæст... Си- дзæр фыццаг хатт кæм архайдта, уыцы хæст. Фæлæ хæст куыд вæййы, уымæн ницы зыдта, ам ныртæккæ лæгтæ мæлгæ кæй кæндзысты, уый йæм ничердыгæй хъардта, æмæ йын уыдис хъазынау æнцон. Бæхы размæ ауагъта уый дæр, йæ дамбаца систа. йæ хъуыдыйы уыдис æрмæст — Ибрагимы куыд уына æдзух. Йæ бухархуд æмæ йын йæ фæсонтæй йæ цæст ма ф&хицæн уа... Гæдой йын хæццæ кодта иннæ цъуп- худджыитимæ...
Къутæрджынæй Фæзыхъæуы æхсæн фондз кило метрæй фылдæр нæ уыд. Дыууæ хъæуы лæппутæ-иу арæх сæмбæлдысты таджы, кæсагахсыны рæстæг. Чы- сыл доны хуыдзых æмæ тъепа алкæй фаг дæр уыди, фæлæ йыл нæ фидыдтой: къутæрджынæгтæ дæр æй сæхи хуыдтой, фæзыхъæуккæгтæ дæр. Уæвгæ та таг цыдис сыхаг хъæуы колхозты зæххытæн сæ тæккæ арæныл, æмæ йæм дыууæтæ дæр æмхуызон бар дард- 13
той. Æрмæст кæсдæртæ уый бæрæг кæныныл нæ ар- хайдтой: фембæлгæйæ сæм-иу рауад хылтæ, нæдтытæ. Ныр кæрæдзийы цæсты кæронæй дæр нал уынынц. Хæст ардæм дæр æрбахæццæ. Фæзыхъæуы немыц ба- дынц, Къутæрджыны — нæхионтæ., Бирæ хæттыты ма æрæмысы Куыдзи — Къутæрджыны кæройнаг хæдза- ры лæппу, йæ кæсагдзуан æмæ æхсæрдзуан балцытæ, йæ хылтæ фæзыхъæуккæгтимæ. Ницы маст баззад йæ зæрдæйы. Искæй сæ куы фенид — бафæрсид æй æр- мæст: «Кæд афтæ хъæбæрдзых стут, уæд уын уæ хъæу немыц цæмæн байстой? Махæн æй куынæ байстой!» Куыдзи чысыл лæппу уыдис, æнæрцæфзæрдæ, æмæ хъуыддæгтæ цæмæй æмбæрста? Хисдæртæ куыд дзу- рынц, хæст ахæм стыр фыдбылыз у, уый йæ дзæбæх уырнгæ дæр нæ кодта. Тынг тыхсти, йæ цæуæнтæ йæ бар кæй нал сты, йæ фылдæр рæстæг æй цæхæрадоны бабайы къахт акъоппы бадын кæй хъæуы, уымæй. Хæ- дзармæ дæр суайы бабайы сусæгæй. Уым сæм цæры дыууæ сырхæфсæддоны. Баба йæхæдæг семæ ныхас, кæнынæй не ’фсæды, Куыдзийы та сæм хæстæг нæ уа- дзы. Цы нæмттæ сыл сæвæрдтай, уый, дам, куы базо- ной — фæнæмдзысты, дам, дæ. Нæмгæ нæ кæнынц. Рон дæр ма куы радтой Куыдзийæн. Сæ фондзæхстæттæ дæр ма йыл куы баууæндынц, куы йæм сæ раттынц. , Æцæг æнæ гилдзæй. Раздæр сын сæ гилдзытæ фелва- сынц. Баба йæ кæмæй тæрсын кæны, уыцы хъуыддаг та афтæ у. Сырхæфсæддонтæй иу — рæсугъд украинаг лæг —зæронд у (фæндзайаздзыд æфсæддон сабимæ зæронд каст). Цæсгомыл фæйнæрдæм фæцыди дæр- гъæй-дæргъмæ рихитæ. Æмæ йæ Куыдзи схуыдта Рн- хи. Йе ’мбал уырыссаг лæппуйы та йын схуыдта Коса, уымæн æмæ йæ сæр уыди даст. Тынг бауарзтой лæппу- йы салдæттæ. Дзырдтой-иу ын сæ бинонты тыххæй. Рихи йæм йæ сывæллæтты къам дæр равдыста. Абон 14
та сæм суади. Йæ амондæн бабайы дзурын афоныл айхъуыста. Нал бауæндыд æмæ дуаррæбын æрæм-. бæхст. Коса йын хæрынкъайæ зæрдæ бавæрдта. Кæд дзы ферох, мыййаг, а-изæр ын æй хъуамæ йæ зæрдыл- æрлæууын кæна. Цалынмæ та хъæуы æдде акъоппы- ты бадынмæ нæ ацыдысты, уæдмæ. Уый дæр бабайы сусæгæй аразгæ хъуыддаг у. Ницыхуызы бауадздзæн хæрынкъа дæттын. Байхъуыста та сæм. Цæйдæр уæ- ныджы кой та кодтой. Ныр æртыккаг изæр йæ кой ра- уайы. — Тæригъæдæй мары. Ныр æртыккаг бон... Уæд та йæ фехсон, уадз йæ тухитæй фервæза,— дзырдтй Рихи.— Уæддæр фервæзинаг нал у. — Мах рады йыл исты куы æрцæуа, уæд нæ баф- хæрдзысты. Батальон иууылдæр зонынц уæныджы ха- бар. Комбат йæхæдæг загъта: «Куыддæр ыл исты æрцæуа, афтæ уæ гуырæй райгæ ут, уæгъуыр немыц нервытæй хæст байгом кодтой. Мах хъуамæ ма фæ- хæрды уæм». — Уыдон æз дæр фехъуыстон. Комбатæн цы у? Ис- куы-иу хатт æм акæсы биноклæй, йæ сæр батилы, æмæ фæци. Уый горæты фæцарди, фосы катайæн ницы зо- ны, æз та, лæппу, зæхкусæг дæн, фосæн мæ армæй цæхх бирæ фæдардтон. Мæ хъару нал у уæныджы хъи- зæмармæ кæсын. — Æмæ йæ уæд фехсын хъæуы? Уымæй йын тæ- ригъæд кæныс? — Куыднæ йæ æмбарыс? Ныр цы æвзары, уый йын фехсынæй фыддæр у. — Цы у, цы, цавæр уæныг, æртыккаг бон уæм æн- дæр.кой куыиæ ис? — салдаты бафарста баба. Рихи цыдæр бахъуыр-хъуыр кодта. Йе ’рцъыкк-æх- соны къæрцц-къæрцц райхъуыст. Бабайæн дзуапп рад- та Коса: — Таджы былмæ хæстæг бæласы бындзæфхадыл 15
кæмæндæр йæ уæныг бастæй баззад. Уым тухийæ мæ- лы. Немыц дæр æй не ’хсынц, мах дæр: дзырд нын нæй. Бындзæфхады алфамбылай зæхх хуымгонды хуызæн скъахта йæ сыкъатæй æмæ йæ сæфтджытæй... — Æмæ йын æхсæвыгон дæр суæгъдгæнæн нæй? — Немыц ракеттæй ныррухс кæнынц таггæрæттæ. Махонты зæрдæ куы фехсайы, ныр æй немыц куы ала- сой, зæгъгæ, уæд та махонтæ суадзынц ракетæ. Нæк йæм бацæуæн. Афæлварынц дыууæрдыгæй дæр. Фæлæ кæрæдзимæ æгæр рæвдз лæууынц. — Куыд цъаммар сты ацы немыц! — райдыдта Рихи.—Дзидзидайæн никуы фæтæригъæд кодтой, фæ- лæ уæныджы не ’хсынц. Фæрæтдзæгатæй фæмарынц галтæ æмæ хъуццытæ, ныр сæм иу нæмыг æвгъау кæсы. — Психологон хæст самадтой немæ, психологон. Махæн зын кæй у, уый тынг хорз зонынц. Нæ нервытæ кæд нæ бафæразиккой, кæд æй фехсиккам. Уæд уы- дон — уæлахиз! — Æз уын æй зæгъдзынæн уæдæ. Уыцы ран Хоры Уациллайы кувæндон уыд. Кæрдо бæлас акалдтой сал- дæттæ, немыц нæма æрбацыдысты, уæд. Акъоппытæ дзы фæцарæзтой. Сеппæт дæр бомбæтæй дзыхъмард^ фесты. Нæ йæ фехъуыстат? Уый сымах размæ уыд. Уы- цы бындзæфхадыл баст кæй у, нæмыг дæр уый тыххæй нæуайы уæныгыл. Уацилла йæхъахъхъæны, нывонд ын фæуа. Йæ хицау дæр æй куывддон бæласы бындзæф- хадыл хуымæтæджы нæ бабаста. — Тæрсын, ацы хатт æм кæсын куынæуал бафæ- разон... А-изæр ын хæрынкъайæ ницы рауайдзæн, уый бам- бæрста Куыдзи. Раздæхт.
Н5 ^ Райсомы уазал иннæрдæм хизы тæбын цинелы. Уæлдай тынг дзы тыхсы Коса. .Арф акъоппы рæбын ныккука. Хъæмп йæ бынмæ. бæргæ æрбассывта, нæй, ницы тафс дзы ис. Коса мысы хъарм хæдзар, ахсы йæ хуыссæг. Дисы йæ æфтауы Рихийы фæразондзицад. Уый ницæмæй хъаст кæны. Уа’зал æмæ йæ хуыссæг дæр нæ домынц, ау? Рихи акъоппы къулыл йæхи ба- уагъта, йæ цæст дары Фæзыхъæумæ, знаджырдæм. йæ хъусджын худыл бæзджын халас сбадт, йæ сау рихи- тæ дæр урс-урсид афæлдæхтысты. — Хъусыс мæ, æви фынæй дæ? — фæстæмæ нæ ракасти, афтæмæй бафарста зæронд салдат. — Нæгъа-а,— ныззæмбыдта Коса. Куыддæр æна- хуыр æм фæкаст йе ’мбалы ныхас. Æрчъицыдта дзæ- бæх æмæ сæрæндæр хъæлæсæй сдзырдта:—Цы у, ис- ты дæм зыны? Цы ми кæнынц немыЦ? — Уыдон сабыр сты. Йæ сæры тенка дæр дзы ни- кæмæн зыны траншейтæй. Æрмæст цыма уæньп^.., — Цы — уæныг? Коса салдат фестад. Йæ фыццаг каст уæныгмæ нæ уыд, фæлæ немыцы акъоппытæм. Таджы сæрмæ хæрз тæнæг мигъ чысылгай тад. Йæ аууон бакодта Фæзы- хъæуы иу хай’ æмæ фашистты траншейтæ. Салдат хорз зыдта: хъæуæй иу километр ацырдæмдæр, тагæй та дзæвгар фалдæр, бадынц гитлеронтæ. Бæстæ йæм уым фаг сабыр фæкаст æмæ йæ цæстæнгас æрхаста, уæныг кæм хъизæмар кодта, уыцы бынатыл. Æнахуыр егъау æм фæкаст бæласы бындзæфхад. Уæиыгæн дæр йæ змæлдтытæ иннæ хæттытау нæ уыдысты, цыма лстæ- мæй фæтарст, уыйау сыдзмыдзы хæцы. Салдатйæ цæстытæ аууæрста: — Бындзæфхады рæбын цыма исчи ис... — Мæнмæ дæр афтæ фæкаст. Сæ фондзæхстæттæ æррæвдз кодтой. Кæсынц та, 2 Цьупхудджинтæ 17
дарынц сæ цæст. Уæныг æваст йæ фæстаг æрдæгыл æрхауд. Уайтагъд фестад. Фæззыгæнд халасæвæрд мæнæуы’ хуымты Къутæрджынмæ ныццавта. Уыциу рæстæг бæласы бындзæфхады рæбынæй чидæр гуы- быр-гуыбыр ратахтис æмæ хуымгæрон зæххыл фæ- тъæпæн. — Ма фехсут: уый нæхи лæппу у! — ныхъхъæр ластой Рихи æмæ Коса. Сыхаг акъоппыты сæ сырхæф- сæддонтæ фехъуыстой. Фæлæ немыцæгтæм æндæр фæнд уыд. Уайтагъд нæмгуытæ ныккалдтой. Лæппуйы æмæ уæныджы æхстой, æви махонты акъоппытæм цав- той, уымæн раиртасæн нæ уыд. Сырхæфсæддонтæ тарс- тысты лæппуйæн. Уыцы сахат дЗуапп радтой гитлерон- тæн. Гæрах стынг дыууæрдыгæй дæр. Куыдзи, йæ сæр хæрдмæ не сдардта, цалынмæ нæ- хионты акъоппытæм не ’рбахæццæ, уæдмæ. Суанг дæр йæ гуыбыныл фæбырыди. Уæныг дæр æрбаирвæзт. Нæхи хай фæци. Баба та йæ Хоры Уациллайы æфсон фæкодта: уый руаджы, дам, фервæзт.
Федтаиккат искуы ахæм къæбыла. Пухгомау бады йæ ног цъæх кæрц, раззаг къæхтæ ставд æмæ чысыл зылынгомау. Иæ фезмæлд рог, хъæлдзæг. Згъоргæ- згъорын йæ хъустæ лæу-лæу байдайынц. Куы йæм фæ- 19
дзурай, уæд дæм хъазгæ, йæ сæр къултæгæнгæ æрба- дæйзгъордзæн, йæ раззаг къæхтæ у’æлиаугомау æппар- гæйæ. Фæлæ хибарæй æндæрхуызон у. Сæр бынмæ, зæх- мæ хæстæгдæр æруадзы æмæ зилы кæрты, хæдзары алыварс. Йæ сау къуымых фындзы тæкк& кæрон та хицæн змæлд кæны. Дыууæрдæм ын сцырын вæййы. Кæс æм, уæд — гогызмæ иу смыст, уасæгмæ — ин- нæ смыст, хæрæгмæ — къæу-къæу, гæдымæ — схъырн- схъырн. Æрмæст къуырттон каркмæ ницы уæнды. Уы- мæй алидзы,— цæмæй дзы тæрсы, мæгъа! — æмæ та тулæгау къуымты зилы хæрзхаст къæбыла. Гъеныр ма уымæн йæ раззаг къæхтæ æмбисæн дæ- лæмæ æмæ йæ къæлæсы къæдзилы кæрон урс-урсид ацахор, æмæ дын — Чеппо. Цæттæ Чеппо! Уæвгæ нæ. Уый дæр Чеппо нæма у. Чеппо уыры æрцахста. ’ Чеппо йæ къух дæттын зоны. Чеппо лæгау æмбаргæ у. Æрмæст цæмæй йæ иууыл сæрæндзинæдтæ равди- са, уый тыххæй къæбылайæн хъуамæ Забег йæхæдæг зæгъа. Уымæ куыд байхъуса, афтæ никæмæ. Абон æм куы бакастаис. Куыддæр бамбæрста, Забег горæтмæ цæуы, уый, афтæ сцъил йæ алыварс. Автобусмæ схи- зынмæ, раст зæгъын хъæуы, зивæг кодта. Цæлхыты бын рауай-бауайыл сси. Æвæццæгæн, хъуыста Забег æмæ шофыры ныхас: — Лæппу, автобусы куыйтæ нæ ласæм. — Æмæ ай ахæм куыдз нæу. Чеппо (ахуыргонд у, суадз æй автобусмæ. — Ахуыргонд зæгъыс? Кæцы скъола фæци каст? — Нæ дæ уырны? Уæдæма кæс. Чеппо! Чеппо! Ар- дæм! — Къæбыла уыцы сахат каурæбынты смыстытæ- гæнгæ фæцæйцыд,, цыма шофыры ныхæстæ нæ хъусы, уыйау дардта йæхи. Фæлæ сæ, æвæццæгæн, хъуыста, 20
æмæ йын хъыг уыдысты. Ныр рог æрбатахт Забеджы- сидтмæ. Забег йæ дзыппæй суари фелвæста, йæ къахы бын æй фæкодта: — Мыс, мыс, мыс! Уыцы дзырдмæ Чеппо силлæг. Алы хуызты æмба- рын кодта, дæ къахы бын кæй бакодтай, уый базыд- тон, æмæ йæ сис, эæгъгæ. Хицон рæйд кодта лæппу- йыл, къахы уæлфадмæ-иу дæндагæй дæр февнæлдта. Уый уæддæр барæй йæ къах нæ исы. — Афтæ нæ! Афтæ нæ! Уæд райдыдта зæхх къахын. Забег йæхи фæиуварс кодта. Чеппо та суари йæ дзыхы фелвæста æмæ йæ Забегмæ радта. — «Къух!» Ныр та «К/ьух!» Къæбыла йæ фæстæгтыл алæууыд æмæ дыууæ раз- заг къахы дæр йæ хицауы армыл æрæвæрдта. Шофыр басаст, фæлæ ма уæддæр загъта: — Æрмæст машинæйы исты куы бакуса, уæд уæ дыууæйы дæр рахизын кæндзынæн. — Ма тæрс! — фидарæй загъта Забег. Забег хъæлдзæг у. Сæрддæргъы Урсдоны йæхи хорз фæнадта, дзæбæх схурсыгъд йæ буар. Дзæуджы- хъæуы ма йæ мадыхотæм иу къуыри фæуыдзæн, æмæ та — скъоламæ! Фæлæ Чеппо та цы фæуыдзæн уæд? Тынг сахуыр сты кæрæдзиуыл. Забеджы æрæгмæ куы фæуыны, уæд æй агурын байдайы. Ниугæ дæр ныккæ- ны иуæй-иу хатт. Уый Забеджы фыды зæрдæмæ нæ цæуы æппындæр, куыдзы ниуд, дам, фыдбылызмæ са- йы. Ныр дæр мады нæ фæндыд Чеппойы ацыд, фæлæ фыд загъта: «Ауадз æй, кæннод та ниудзæн». Уый тыххæй дзы разы у Забег. Чеппо фыццаг автобусы бадæнты бын арауай-ба- 21
уай кодта, йæ зæрдæмæ дзы ницы фæцыд æмæ йæ хи- цауы къæхты бын батымбыл. Забег дзы кæй æппæлы, уымæй цыма ныфсæрмы, уыйау йæ цæстытæ бацъынд кодта, йæ дзæмбыйæ йæ хъус бамбæрзта, ома — ницы уынын, ницы хъусыы. Уæлдай цымыдисдæр уыдысты дыууæйæ. Сæ иу — ас лæг, цуанон, æхсæвæддæйы дарæсы. Кæцæйдæр Ды- гургомæй здæхт сæхимæ. Цыдæртæ æфснайд æм уыд дынджыр кæттаг хызыны. Фæлæ йæ хохмæ балцы тыххæй ницы уыйас дзырдта æмæ йæ фæрсгæ дæр ни- чи бакодта. Иннæ — æрыгон лæппу, цыдаид ыл æр- тындæс азы. Æрыдоны автобуслæууæны мидæмæ куы æрбахызт, уæд фыццаг бакастæй дæр Забеджы зæр- дæмæ фæцыд. Уыдис ыл итувæрд сау костюм, сыгъ- дæг урс хæдон. Худ нæ дардта æмæ йæ бæзджын сæ- рыхъуынтæ фæйнæрдæм æгоммæгæс пырх аисты. Цæс- гом цолагомау. Цæстытæ — худæндзаст. Йæ хæстæ- джытæ йын дуне дыргъ радтой æмæ сæ сæхимæ, го- рæтмæ ласта егъаугомау сеткæйы. Чеппойы ауыдта æмæ йыл циитæ байдыдта, фарста Забеджы Чеппойæ. Забег дæр дзы куыднæ феппæлы- даид! — Иууылдæр хорз, фæлæ уыры та куыд æрцахста- ид? — сæ ныхас сын бахъыгдардта цуанон лæг.— Уы- рытæ, æз куыд зонын, афтæмæй тынг уæгъуыр сты, лæгмæ дæр ма куы фæлæбурынц... — Уæдæ афтæ æнхъæлут: æз сайгæ кæнын? — Куы- нæ йыл баууæндой, ууыл фæтыхсти Забег. Куы-иу цуа- нонмæ бакаст, куы—лæппумæ.— Сарайы бадтыстæм. Уалынмæ — тъупп! Кæсæм æмæ царæй кауы зыхъы- рæй цыдæр æрхауд. Мæ хо йæм батахт æмæ ныцъцъæх- ахст ласта: «Уыры!». Чеппо йæм бауад. Йæ алыфарс рауай-бауай кæны, рауай-бауай кæны... Стæй уырьт фестад, лидзынмæ фæци, фæлæ йæ Чеппо йæ бæрзæ- йæ рацахста. 22
— Уыдаид афтæ, — сразы цуанон. — Уыры фæсур,- уымæн афтæ лæмæгъ уыд. Æндæр уавæрты а къæбы- лайæн зын уыдаид уырыйыл æрхæцын. — Уæллæй, æз æй уырытæ нæ, фæлæ шпионтæ ахсын дæр сахуыр кæндзынæн,— æгæр раппæлыд За- бег. — Æмæ кæм и шпионтæ? — бахудт цуанон. — Шпионтæ?..—цы ма загътаид, уый нал зыдта лæппу. йæхи карæнтимæ хылы заман куыд ратæвд вæййы, афтæ ратæвд ныр дæр. Фæлæ йæхи ныуу- рæдта. Солтан (афтæ хуындис горæтаг лæппу) алцæуыл дæр æууæндыдис æнæ гуырысхойæ, Забег дæр æм, гъе, уымæ гæсгæ иннæ пассажиртæй уæлдай йе ’ргом тынг- дæр здæхта. — Æмæ дын Чеппо та цæмæн хуыйны? Мæнæн дæр ис куыдз. Æз ыл Рекс сæвæрдтон. — Рекс...— асагъæс кодта Забег.— Афтæ йæ цæмæ схуыдтай? Мæ зæрдæмæ нæ цæуы ахæм ном. Чеппо- ном цæмæй хорз у, уый зоныс? Æрмæстдæр «Ч», «Ч», зæгъгæ, куы фæзæгъын, уæд къæбыла зоны: цыдæр ис, цæрдæг лæууын хъæуы. «Чепп!» куы айхъусы, уæд — размæ, атакæйы. Бауромын æй хъæуы? Фæдзур: «Чеп- по! О-гъо!» Уыцы тæккæ дæ разы февзæрдзæн. Фæлæ дæ куыдзы ном... «Ре...кс!»—Афæлвæрдта Забег, фæ- лæ йе ’взаг фæкъуыхцы. — Уымæн дæр ис афтæ кæнæн: «Ре-екс! Ре-екс!» Уæдæ, дæ зæрдæйæ, куыд фæсидын æз мæ куыдзмæ? Рекс дæр тынг хорз у, ма тæрс! Æз дын æй фенын кæндзынæн. Цас фæуыдзынæ уæ хæстæджытæм? Кæ- цыран цæрыиц? Шофыр дæр ныхæстæм йæ хъус дардта. Иу-дыу- уæ хатты хъазæгау фæстæмæ дæр радзырдта: «Ницы- ма?» Забег æмбæрста, цæмæй фæрсы, уый, æмæ-иу йæ бынатæй бадзырдта: «Уымæй йын ма тæрс!» Уæд- 23
дæр-иу аивæй бадæны бынмæ бакаст. Къæбыла æнцад хуыссыд. Уыйас рæстæг æнæ сыстгæйæ куыд лæууы, , уый диссаг у. Йæ чемы нæй. Автобусы фыццаг хатт цæуы. Æвæццæгæн йæ зæрдæмæ нæ фæцыд æнахуы- рæй. Горæтмæ бирæ цæуинаг нал уыд. Шофыры зæрдæ машинæйы цалхмæ фехсайдта. Баурæдта. Федта æмæ фыдбылызæй — ницы. Машинæ нæма араст, афтæ Чеппо раззаг дуары раз февзæрд. Æддæмæ фæндаг агуры. Дуар ын куыддæр бакодтой, афтæ разгъордта, фæндаджы был цы гæды бæлæстæ уыд, уыдонæй иуы рæбын йæ къах фæхъил кодта æмæ дзы афæстиат. Фæстæмæ дæр та уыцы цырд æрбазгъордта. Иасса- жиртæ йын феххуыс кодтой схизынмæ. Сеппæтæн дæр худæджы хос фæци. Уæлдай æх- сызгон шофырæн уыд. — Уый дын уæздан пассажир,— загъта мндбыл- худгæ. Иннæтæ дæр æппæрстой сæ дзырд: — Горæтмæ йæ нал схаста. — Фыццаг хатт ссыд æмæ йæхи æгъдауджынæй равдиса! — Нæ фæлæ йæм нæ ныхæстæн ахæм аргъ и... Забег йæ хъæбысмæ сæргъæвта Чеппойы. Хъуыста ныхæстæм. Иу дæр ын дзы хъыг нæ уыдис. Уæдмæ автобус дæр схæццæ æмæ алчи йæхи койыл фæци. Забег æмæ сæ Чеппо айрох сты. Къæбыла æмæ лæппуйыл дарддæр цы сæмбæлдзæн, уый куы зыдта- иккой, уæд сæм афтæ куыдфæндыйы цæстæй бæргæ нæ акастаиккой. Фæлмæн хуыссæнты рафæлдæх-бафæлдæх кæны Забег. Фын æм æввахс нæ цæуы, дæрдты лидзы. Цæ- 24
мæн хъæуы, цымæ, ахæм фæлмæн хуыссæн. Чысыл фе- змæл— æмæ йæ дзедзæлæуæн фæуæн нал вæййы: Афонмæ та сæ сæрдыгон цæлгæнæны хъæдын сынтæ- гыл раджы бафынæй уыдаид. Æнæ авг рудзынгæй та йæм бæлæстæ сыбар-сыбур кодтаиккой, æхсæвон хи- цон дымгæ йæм æрбауылæнтæ кæнид, фæныдзæвид сау бецыккыл, лæггаг, цы фæдæ, зæгъгæ. Уæвгæ Забег уы- дæттæн ницы базоны. Чеппойы рæйдæй цы зæгъыс, уый зæгъ. Куыддæр æй айхъусы, афтæ фехъал вæййы. Ракæсы. Никуы ’мæ ницы. Фылдæр æхсæвтæ уый дæр хъæдын сынтæджы бын нымæты гæбазыл арвиты. Са- мандур къулы йын иу дур рафтыдтой. Ууылты ра- уайы кæртмæ, цæхæрадонмæ, азылдтытæ, асмыстытæ кæны, срæйы. Æмæ та — фæстæмæ йæ хæлары цурмæ. Фæлæ сыл ныры хуызæн фыдæхсæв никуыма уы- дис. Цæуыл фæдæрзæг уыдаиккой фысымтæ уæддæр? Забег æмæ Чеппо сæхи хорз дардтой. Кæд къæбыла уайтагъд фатеры кæй фæмидæг, уый сæм фæхъыг каст. Æмæ уæдæ кæм лæууыдаид, кæдмæ лæууыдаид? Стæй йæ хиц&уæй фæхицæнгæнæн ис уымæн? Лæппуйæн йæ дзабыртæ раласын кодтой къæсæр- гæрон, радтой йын цыдæр чепгæнæнтæ. Мады хо Чеп- пойы асурынмæ хъавыд. Забеджы дзырдмæ гæсгæ йæ цыууагъта. Йæ цыппар дзæмбыйы дæр ын хуылыдз хæцъилæй ныссæрфын бахъуыд, науæд, дам, уæттæ счъизи кæндзæн. Нæма зонынц, Чеппо куыд хорз у, уый, æндæр æй æруарздзысты, кæс-ма-иу! Нæ, Чеппойы тыххæй зыбыты иунæг фарст дæр -ни- чи радта, нæдæр — мады хо, нæдæр — лæг. Лæг сæм нæ ракаст мидæггаг уатæй. Æвæццæгæн, æгæр хъæлæба систой найæны. Æрæ- вæрдтой йын хисæрфæнæй, сапонæй... Дон — дынджыр тасы дзаг. Æгæр хъарм уыд. Уайтагъддæр къранттæ зилын базыдта, уазал дон ыл рауагъта. Æхсы, æхсы йæхи. Æмæ та Чеппо дæр дуарыл хыртт-хырттæй ба- 25
лæууыд. Бауагъта йæ. Доны йæ к,уы атъыссид! Фыц- цаг рамæсты. Стæй æрсабыр, рæйын дæр ма райдыдта, рæйын. йæ хъæлæс азæлыд бирæ тастæ æмæ цыдæртæ кæм уыд, уыцы чысыл къуымы. Хъустæ зæлланг кодтой, афтæ тынг рæйдта. Æххæст над æй нæма фæци, уый дын ратахт стырдæр уаты астæумæ, ныззыр-зыр кодта, йæхи ныццагъта æмæ бæстæ хуылыдзæй фесæфта. Ахæм сыгъдæг уаты!. Пъолæй, къулæй, бандонæй æн- дæрæй — æрттывтытæ калынц. Цæмæ дзы басмыстаид, уый нæ ардта. Ныр, цыма уый маст иста, уыйау сæ ныххуылыдз кодта. Сæрфынмæ лæппу дæр бæргæ фæкаст. Ницыуал феххуыс. Мыды къæм бахауд. Уый дæр ма фæуæд. Æцæг зынтæ æхсæвæр хæргæйæ бавзæрста. Бадынц стъолы уæлхъус æртæйæ. (Хæдзары хицау уæд рацыд йæ уатæй; бæрзонд рæсугъд лæг, рæсугъд дарæсы; стыр ахуыргонд æй хуыдтой хъæуы. Хæрынц. Чеппойы хъуыдыгæнæг нæй. Хæстæг сæм нæ цыд. Афтæ ахуыр у! — æнхъæлмæ нæ кæсы), фæлæ Забег нæ зыдта, тынг кæй сыстонг уыдаид?! Уайдзæфгæнæджы каст-ну æм æрбакодта дуаргæронæй, стæй та-иу уайтагъд йæ æнкъард цæстытæ иннæрдæм азылдта. Лæппу æрæ- вæрдта йæ вилкæ. Æнæуый дæр кард æмæ вилкæпæ хæрын ахуыр нæ уыд. Лæджы фæзмгæйæ, уый дæр фыццаг архайдта кардæй. Уалынмæ фæбырыд кард, тæбæгъыл йæ дзæхст фæцыд. Фысым уазæгмæ ком- хоммæ бакаст. Уый фезмæлын нал уæидыд. Карчы сгуы къæбысæн ауæрды, уый дæр бамбæрста, æвæццæ- гæн, æмæ-иу ууыл дæр тæбæгъмæ йæ цæст а^аста. Хæ- дзары хицау къæбысмæ акаст. Загъта усæн: «Марадз, стæг ын аппар æмæ йæ дуармæ асур!» Мады хо йæ бынатæй дæр нæма фезмæлыд, афтæ лæппу фестад æмæ йæ тæбæгъ æд сгуы Чеппойы раз авæрдта. Лæг афæлурс Бæрæг у: нал ын бацамондзæн, куыйты кæм ахуыр кæнынц, уый, нал æй ахондзæн. Забег нæ фе- 26
нын кæндзæн Чеппойы. Ничи йын бацамондзæн, æф- сæддон куыйты миниуджытæ. Хæдзары хицау йæ бы- натæй рог фестад, Чеппойы йæ дынджыр къахæй гом дуарæй æддæмæ ассыдта. Лæппуйæн йæ кæуын йæ былалгъмæ схæццæ. Чеппо ма йыл иу хъырнд скодта. Хорз, æмæ сгуы не суагъта. Лæг раздæхт Забегмæ: «Кæцы къласмæ бацыдтæ?» — «Æр-æртыккаг...» — «Ау, æмæ куыйтæ, гæдытæ-йедтæ хæцгæ низтæ кæй æфтауынц, уый никуы фехъуыстай? И-и?» Стæй та ус- мæ фæци: «Хуыцауы хатырæй, мæ нервытыл мын фæ- цауæрд! Паркет къуымтæ хлорæй ныссæрфын хъæу- дзæн ныр. Тæбæгъ та — æппаргæ!» Уагæры ма æрдæбоны хуылыдзтæ, кæнæ ваннæйы сæхи куыд надтой, уый куы федтаид. Цымæ йын йæ рæйын нæ хъуыста? Цы фыд-зæрдæ у! Афтæмæй йæ хорз лæг фæхонынц. Хорз лæг... Куыдз чи нæ уарзы, уый хорз лæг у?! Забег иннæрдæм йæхи разылдта. Кæсы мидæггаг ’уаты дуармæ. Рухс дзы цыма нал судзы. Чеппо та куыд у цымæ? Хуыссæнæй хъавгæ сыстад лæппу. Къахфындзтыл дуары размæ бацыд. Йæ хъус дуарыл сæвæрдта. А-гъа! Дуары рæбын хуыссы! Змæлы, йæ- химидæг тыхсы цæуылдæр. Сысты, акатай кæны, æмæ та æрхуыссы. Ихæнриз ыл бахæцыд. Йæ хъуын нæма бахус, æвæццæгæн. Мæгуырæг! С-с... Къæхты хъæр. Асинтыл чидæр ссæуы. Гуыртт, гуыртт, гуыртт... Дык- каг уæладзыгмæ схæццæ, гуыртт, гуыртт, гуыртт... Æр- тыккагмæ ссæуы. Гуыртт, гуыртт, гуыртт..\ Ардæм ссæ- уы, æртыккагмæ. «Æддæмæ, бындар фæуай! — фæ- тъæлланг ласта уыцы æхсæвдзæуæг. — Мæ тæккæ дуармæ куынæ ныххуыссай, уæд дзы гæнæн нæй!» Чеппо: «Къæу! Къæу! Къæу!» Фæлæ лæг тынг мæсты уыд, ноджыдæр ма хорз ныхæстæ разгъæлдта. йæ хъæхтæ йыл сцагъта. Къæбыс, мæгуыр, рæйгæ алыгъд асинтыл дæлæмæ. 27
Сæрыл сдзурæн нæй. Забег фысымтæй тæрсы — куы райхъал уой. Уыдон, æцæгдæр, райхъал сты. Лæп- пу хуыссæны фæныгъуылд, фынæй æфсон акодта. Йæ хъустыл уайы: «Тæккæ райсом æй куыдзахсджытæм раттын хъæуы. Мæхæдæг сæм сдзурдзынæн телефо- нæй...»—«Худинаг у, ма бакæн афтæ...» Мады хойы хъæлæс ницы ахадыдта мæстджын лæджы бæзджык хъæлæсы цур. Ныттымбыл йæ хуыссæны Забег. йæ цæстыл уа- йынц куыдзахсджытæ. Цыма Чеппойы фæсурынц. Уын сæ фæстæ згъоры, згъоры, фæлæ сæ не ’ййафы... Уа- лынмæ фестад цирчы. Дуне адæмы ’хсæн, тымбыл фæ- зы лæууы йæ мады хойы лæг. Йæ дæргъытæ халаты. Хъазы Чеппоимæ. Фæлæууыд, къух хæрдмæ систа: «Хорз адæм, ацы къæбылайы фыццаг æз дæр нæ уарз- тон. Уый уыдис мæ рæдыд. Чеппо разынд диссаджы къæбыла: иу царм дзы куы растигъай, уæд та йыл æн- дæр царм ног фестдзæн. Кæсут уæхæдæг...» Галиу къу- хæй къæбылайы бæрзæйыл фæхæцыд, рахиз къухы — кард. Куыдзахсджытæ сæ алыфарс амбырд сты. Чеп- по нынниудта... Хуыссæны рабадт Забег. йæ хъустыл æцæг уайы тæригъæддаг ниуын. Уый Чеппо у. Къæсæр хафы йæ раззаг къæхтæй, агуры мидæмæ фæндаг. «У-у-у!» — нынниуы зæрдæхауæн ниудæй. «Ныртæккæ, Чеппо, ныртæккæ!..» Къæбыла фехъуыста лæппуйы хъæлæс. Фæуагъта йæ хыртт-хыртт кæнын. йæ ниуын. Рай- хъуыст йæ цины хъыллист. Лæппу фæстæмæ фæзылд, удаистæй йæ дзаумæттæ акодта. Дуары размæ та ба- уад: «Сабыр у, ныртæккæ!» Цæй æнахуыр зынгомгæ- нæн дуар разынд! Цыдæртæ дзы фæкъæппытæ кодта. Базыхъыр. Рæхыс ма йæ урæдта, рæхыс. Чеппо æр- хъæцмæ нал хъæцыд. Зыхъырæй йæ сæр æрбадардта, Забеджы астæрдта. Хъуысы йæ цины хъист-хъист. Ца- лынмæ рæхыс сæфтауынмæ сарæхст, уæдмæ фырката-
йæ куыднæ марди лæппу! Рахызт къæсæрæй æмæ Чеп- пойы йæ хъæбысы фелвæста. Райсомæй раджы, аст сахаты дæр нæма уыдаид, афтæ Солтан Рексы æрбахæццæ ласта Чеппоимæ ба- зонгæ кæнынмæ, бахоста дуар. Фысымтæ ракастысты. Фæлæ Солтаны фарстытæй иуæн дæр дзуапп раттын сæ бон нæ баци...
Ацы бон Таймураз æрæгмæ ссыд скъолайæ. Æн- хъизæнимæ конд дзул, картофтæ æмæ æхсыр стъолыл ныууазал сты. Лæппу сæм кæсгæ дæр нæ бакодта. йæ хызын сынтæгыл æрæвæрдта æмæ тыхстхуызæй æр- бадт стъолы фарсмæ табуреткæйыл. Мад хæдзары раз татхатæ рывта. Дуары хъæр фе-
хъуыста æмæ мидæмæ бацыд. Йæ лæппуйы æнкъар- дæй куы федта, уæд æй фæрсы: — Цы кæныс, мæ къона, цæуылнæ хæрыс? Картоф- тæ æмæ æхсыр куы ныууазал сты! Таймураз ницы сдзырдта. Мад йæ арм æрæвæрдта лæппуйы сæрыл, йæ цæс- тытæм ын ныккаст. Таймуразæн йæ зæрдæ ауынгæг, йæ цæссыгтæ æргæр-гæр кодтой. Мады хъæбысмæ йæ- хи бакъул кодта. Уый та йæ ногæй афарста: — Мыййаг «æвзæр» райстай? • Таймураз радзырдта, скъолайæ цæуыл æнкъардæй ссыди, уый. Фæндзæм къласы уыд фæллойы урок. Лæппутæ æмæ чызджытæ æрлæууыдысты станокты уæлхъус. Таймураз æмæ Майрæм куыстой фæрсæй-фæрстæм, арæзтой асин спортивон фæзы трапецийæн. Хйсдæр скъоладзаутæ асинæн къæхтæ скодтой раздæр. Ныр хъуыдис фидар хус лæдзджытæй къæбæлтæ аразын æмæ уыдон асины къæхты ставд хуынчъыты бафидар кæнын. Майрæм арæхстджынæй æвнæлдта æмæ уайтагъд арæвдз кодта цалдæр къæбæлы. Æвæрдта сæ Тайму- разы ’рдыгæй станочы фарсмæ. Майрæм скодта тынг хорз къæбæлтæ: рæсугъд, æмдæргъæн æмæ æмыстæв- дæн. Таймураз-иу сæм аивæй æркаст. Йæхи къæбæлтæ æвзæрдæр уадысты, ,бæрцæй дæр уыдысты къаддæр. Райдайæны-иу истæмæй афарстаид Майрæмы. Ныр æй фæрсгæ дæр — нал. «Хъуамæ мæхæдæг арæхсон, хъуа- ’мæ фæстæдæр ма баззайон...» Фæлæ ууыл куыд фыл- дæр хъуыды кодта, афтæ йын къаддæр æнтыст. Лæппу бæлвырд тыхсын байдыдта. Æнæдзургæйæ скъолайы кæртмæ рауад, æрбахаста хуылыдз лæдзджытæ æмæ уыдонæй аразын байдыдта асины къæбæлтæ. Ныр куыст цыдис тагъддæр. 31
— Хуылыдз михтæй не ’мбæлы,— загъта йын Май- рæм. — Ницы кæны. Уыдон дæр бахус уыдзысты иу афо- ны,— дзуапп радта Таймураз.— Æви дæ цæмæй ма баййафон, уый дæ фæнды? — Нæ, уый тыххæй нæ зæгъын. — Уæдæ мæ ма хъыгдар! Ницыуал загъта Майрæм. Кусынц æнæдзургæйæ. Чысыл фæстæдæр Таймураз йæхинымæр нымадта, дыууæйæ æдæппæт цас къæбæл- тæ скодтой, уый. Хъæуы ма дыууæ къæбæлы æрмæст! Амбулдзæн æй Майрæм. Уæртæ ма йæм кæс, куыд зæрдиагæй архайы! Цыма Таймуразимæ ерыс дæр нæ кæны, уыйау сындæггай асины къахаг йæ рахиз цæст- мæ схаста, галиу цæст ныцъцъынд кодта æмæ, топпæй хъавæгау, акаст асины къахагмæ; раст у, æви нæ... Йæ зæрдæмæ куы фæцыд, уæд ын йæ цъар æрыстыгъта, ардуанæй йæ адæрзæджытæ кодта сæрæй бынмæ, ома, къухтæ йыл ма бырой. Ныр ын атымбыл кæндзæн йæ кæрæттæ, чысыл сæ афаддзæн, цуркгæндтæ ныкъкъуы- рæн сæ куыд уа, афтæ. Уый фæстæ, æвæццæгæн, къæ- бæлты банымайдзæн, уыдзысты ма иу хъуаг, йæхæдæг æй скæндзæн æмæ — Таймуразæй дыууæ къæбæлы фылдæр. Уæд къласы дзурдзысты, Майрæмы къæбæл- тæ фылдæр сты, зæгъгæ. Нæ, иу къæбæлæн ма цыфæн- дыйæ дæр æнæ саразгæ нæй, цалынмæ Майрæм уæртæ ууыл архайы, уæдмæ... Таймураз фелвæста хуылыдз къæбæйлаг, æр- кæстытæ йæм кодта, стæй дзы хырхæй æнцонæй фæ- лыг кодта. Йæ кæрæттæ йын абарста ставд хуынкъыл: лыстæгдæр кæнинаг уыдысты. Таймураз сæ фæрæтæй æрцамадта, ардуанæй сæ гæдыйы тындтытау ахафта, æмæ къæбæл ацæттæ. Лæппу æнцондæрæй сулæфыд. Кæд Майрæмы тынг нæ фæндыд къæбæлтæ иумæ ны- вæрын, уæддæр æнæ афтæ бакæнгæ нæ уыд. Куыддæр 32
æм хорз нæ каст йе ’мбалы куыст ахуыргæнæгæн ра-. фауын. Ахуыргæнæг федта скъоладзауты куыст. Ста- ночы раз æрмадзы пъолыл сæрæй æвæрд уыдысты Майрæмы конд къæбæлтæ æмæ ахуыргæнæджы зæр- дæмæ фæцыдысты. Сæ куыст сын банымадта хорзыл. Уæдмæ дзæнгæрæг дæр ныццагътой. Цыдæр æнæбæрæг маст хъардта Таймуразы зæр- дæмæ. Уæдæй фæстæмæ йæм хъазын дæр нал цыд. Майрæмæй йæхи дæрдты ласта переменæйы рæстæг. Урокты дæр, цыма йæ нæ уыдта, уыйау æнцад бадтис йæ фарсмæ. Майрæм-иу истæмæй куы фарста Тайму- разы, уæд-иу уый йæхи нæхъусæг скодта. Куыдфæс- тæмæ чысылгай-чысылгай Таймуразæй ферох йæ маст. Æмæ та æппæт дæр фыццагау хорз бæргæ цыди, або- ны хабар куы нæ уыдаид, уæд... Къæбæлтæ цы асинæн арæзтой, уый раджы срæвдз. Ахуыргæнæг æмæ йæ хисдæр кълæсты лæппутæ зулаи- вæй бафидар кодтой трапецийыл. Физкультурæйы урокты-иу хисдæр скъоладзаутæ аСиныл æвдыстой сæ арæхстдзинад. Ахæм рæстæг Таймураз æмæ Майрæм кастысты уыдонмæ. Æхсызгон сын уыд, сæ фæллой дæр кæй фæпайда. Абон та фæндзæм къласы ахуырдзаутæм фæллойы урок уыд. Цæхæрадоны сагътой къабускайы æвзартæ. Таймураз никæмæй æвзæрдæр арæхст: сæ раздзæхæ- радонмæ мадимæ иумæ зылдысты, æмæ сахуыр. Дæсæм къласы уыд физкультурæйы урок. Чызджы- тæ æмæ лæппутæ спортивон дарæсы рацыдысты кæрт- мæ. Ахуыргæнæг скъоладзауты радыгай трапецийьг аспныл хцзын кодта уæлæмæ. Асины къæбæлтыл къа-> хæй æнцайæн нæ уыд. Таймураз æмæ Майрæм сæ кусын ныууагътой, бру- йы размæ бацыдысты æмæ фæйнæджыты зыхъыртæй кастысты спортивои фæзмæ. Фæндыдис сæ базонын: куыд сбырдзæн асиныл Бадзирæт — сæ къласы ног- 3 Цьч пхудглсынтэе
дзауты раздзæуæг. Уæртæ уый ныр бацыд асины бын- мæ. Иннæ чызджытаей сæрæндæр сгæпп кодта хæрд- мæ, ацахста асины æвдæм къæбæл, йæхи сæлвæста. Æваст йæ рахиз къух феуæгъд кодта, æмæ уый хæд- уæлвæд ацахста уæллаг къæбæл. Афтæ дыккаг хатт дæр, æртыккаг, цыппæрæм... уæлиау ацыди чызг. Асп- ны æмбисæй фæуæлдæр. Æвæццæгæн, тынг бафæллад, нал уæлдæр схизын йæ бон уыд, нал бынмæ хызт. Пæ дыууæ къухæй фидар ныххæцыд асины къæбæлыл. Майрæм сдзырдта: — Цы къæбæлыл æрцауындзæг, уый мæ конд у, фидар у, æндæр афонмæ Бадзирæт æрхаудаид. Таймураз фестъæлфыд. Асинмæ лæмбынæг каст æмæ уыдта: Бадзирæт ныр цы къæбæлыл хæцы, уьш, æцæгдæр, Майрæмы конд у, фæлæ йæ хæд сæрмæ цы къæбæл ис, уый та у йæхи конд. Зæрдæ дзы нæ рухс кæны. Хуылыдз ставд уисæй йæ ацъапп кодта. Тайму- раз зыдта, уыцы къæбæл иннæтæй лыстæгдæр кæй уыд æмæ уæгъдызмæлд кæй кодта, уый дæр... Бадзп- рæт ногæй йæхи сæлвæста хæрдмæ Таймуразы конд къæбæлмæ, фæхæцыд ыл рахиз къухæй. Куыддæр æм галиу къухæй дæр февнæлдта æмæ йыл йæ уæз æр- уагъта, афтæ къæбæл фæтасыд, асины къахæй йæ пу кæрон феуæгъд. Фæцыд чызджы сонт цъæхахст. Хау- гæ-хауын ма куыддæртæй Майрæмы конд фидар къæ- бæл йæ иу къухæй ацахста, фæлæ бауромыны хъару нал уыд йæ фæллад цонджы æмæ чызг зæххыл сæм- бæлд. ...Таймуразы буар ныррызт, Майрæм йæ цуры нал уыд уый ма бамбæрста, фæлæ уыйфæстæ йæ сæр ра- зылди, æрбадт йæ мидбынаты æмæ зыр-зыр кодта йæ фыркатайæ. Таймураз йæхи куы æрæмбæрста, уæд та ног нæ цæстæнгас сарæзта трапецийы ’рдæм. Фæлæ уым ни- чиуал уыд. Урок фæци. «Æвæццæгæн,— хъуыды кодта 34
Таймураз,— Бадзирæты рынчындонмæ аластой...» Тынг æрфæсмон кодта йæ митыл. Ныр ын Майрæм’ фидис кæндзæн, Бадзирæт дæу аххосæй рахауд, зæгъ- гæ. О, дзурæд, фæлæ Бадзирæтæн мацы уæд æрмæст. Тынг хорз у сæ къласы ногдзауты разамонæг. Уæдмæ Майрæм æрбацыд. Æрлæууыд бруйы фале æмæ æрбадзырдта: — Цæй, цом нæхимæ, мæнæ дын дæ хызын рахас- тон. Урок фæци. Дæлæ бæх ивтыгътам... Таймураз ницы сдзырдта. Дис кодта, Майрæм мæстыйæ кæй нæ дзырдта, фидис ын кæй нæ кодта, ууыл. — Ницы йын уыд, йæ къах иу чысыл фæцæф æр- мæст. Рынчындонмæ нæ бакуымдта æмæ йæ сæхимæ аластой,— загъта та Майрæм. Иучысыл фенцондæр Таймуразæн. Йе ’мбалмæ комкоммæ кæсын нæ бауæндыд, фæлæ райста хызын. Æнæдзургæйæ рараст сæхимæ, Майрæм иу-цасдæр йæ фæдыл кæсгæйæ баззад, стæй уый дæр рацыди сæхи- рдæм. ...Мад фæхъуыста хабæрттæм. Стæй хæдзары зи- лæнтæ кæнын райдыдта. Таймураз та хъуыдытæ кодта, скъоламæ ма цæуа, æви нæ цæуа, ууыл. Ныр Бадзирæт цы ми кæндзæн... Цы зæгъдзысты Таймуразæн йе ’мбæлттæ? К/ьласы ра- замонæг æмæ фæллойы ахуыргæнæг дæр дзы бузныг кæм уыдзысты! Дружинæйы æмбырдмæ дæр нæ ныц- цæудзæн. Æндæр искæмæн иу раттæнт æмдзæвгæ дзу- ринаг. Цы цæсгомæй бакæсдзæн Бадзирæтмæ. Нæ, нæ {ныццæудзæн! Бадзирæт кæд тынг тыхст у. Майрæм æй бæргæ зонид. Нæ йæ хъуыдис лæугæйæ уадзын бруйьг раз. Уалынмæ мад йæ фарсмæ æрбадт. — Дæ уроктæ цæуылнæ ахуыр кæныс? — бафарста Таймуразы. 35
Таймуразæй уроктæ бынтондæр ферох сты. Баизæрг афтæмæй уроктæй иунæг дæр цæттæ нæма у. Уый тых- хæй раздæрау йæ зæрдæ нæ рыст лæппуйæн. Мадæн загъта: — Скъоламæ дæр нал цæудзынæн. Уыцы ныхасмæ мад ницы сдзырдта, æрмæст йæ сæр батылдта. Лæппуйы хуыссæнуатмæ ахуыдта. Фæлæ хуыссæг æввахс кæм цыд! Таймуразы фæн- дыд, ахсæв æрæгмæ, тынг æрæгмæ, цалынмæ Бадзи- рæт сдзæбæх уа, уæдмæ куы ахæссид. Йæ зæрдæ-иу æм хаттæй-хатт сдзырдта, цымæ, æцæгдæр, ацы æхсæв уымæн баххуыс кæныны тых?æй даргъдæр уыдзæн. Фæлæ! Нæ! Уалæ къулыл сахаты фат ныридæгæн амо- ны фæсæмбисæхсæвы 2 сахаты. Таймураз ахуыссын кодта цырагъ. Саудалынг уаты йæм ныры хуызæн дзæ- бæх никуы фæкаст: никæй уыдта, ничи йæ уыдта. , Бонырдæм чысыл афынæй. Цыдæр тæссаг фын федта æмæ та уайтагъд фехъал. Уæдмæ мад хæдзары зилæнтæ кодта. Æнхъæл уьщ: лæппу фынæй у, æмæ архайдта æнæстыфæй. Æрхæццæ ис скъоламæ цæуын афон. Таймураз 36
хъæццулы йæхи стыхта æмæ æнхъæлмæ каст райсомы. дзолгъойы фæуынмæ. Мад æй цалдæр хатты бауыгъта. Фæлæ лæппу йæхи ныхъхъус кодта æмæ не стад. Æгæр-æгæр æрæджы куы кодта, уæд æй мад дзæбæх банкъуыста, æмæ æнæ райхъал амал н’ал уыд. — Æз скъоламæ нæ цæуын. — Уый та цавæр «нæ цæуын» у? Тагъддæр дæ дзаумæттæ акæн! Исчи дæ афтæмæй куы ’рбаййафа, уæд худинаг нæу? Раст уыцы сахат кæрты дуары хъæр фæцыд. Мад æмæ фырт рудзынгæй ауыдтой Бадзирæты. Йæ дæлар- мы журналтæ, афтæмæй чиугæйæ æрбацæйцыд кæрты. Мад ауад йæ размæ. Таймураз фырцинæй хæрдмæ фæ- хауд, цæсты фæныкъуылдмæ йæ дарæс акодта. Дуары зыхъырæй ракаст ныхасгæнджытæм. Чызг æй ауыдта: — Таймураз, цом скъоламæ! Мæ къаХ нал риссы. Нæ дæ уырны? ...Цæуынц иумæ. Таймураз аивæй бакæсы Бадзирæ- ты бинтæйбаст къахмæ. Фиппайы: чызг æнæцудгæйæ цæуыныл барæй кæй архайы. Фæлæ лæппуйы риуы мæт нал ис... Куыд фæлмæнзæрдæ у Бадзирæт! Куыд хорз æмбал ын у Майрæм! , Уыдæттæ абоны хуызæн никуы банкъардта.
О^сар-лг Уый бæсты сырдтæ йæ дунейыл дæр куынæ фед- таид Хасан! Цæрæнбонмæ фæсмонгонд фæци. Уыцы лæджы аххос уыд, æндæр æй хъуыды дæр бæргæ ни- чи æркодтаид. Афтæмæй цы уæздан æмæ хæларзæрдæ зынди фыццаг бакастæй! Сырдтæ нæ горæтмæ куы æрластой, уыцы бон дæр хъавыд Хасан сæ фенынмæ. Æхца йæм уыд. Æнгуыр, хъис, сойын цырагъ чъиу аразынæн — ахæм чысыл 38 ’
хъуыдæгты фаг æхца Хасанмæ кæддæриддæр в&ййьк Абон та йæ дзыппыдаргæ фанарæн батарейкæтæ бал- хæдта. Йæ къухы сæ дардта æмæ хъалгомауæй хоры базары кæрон, сырдтæн кæм æрбынат кодтой, уым ба- лæууыд. Афтæ, гæнæн дæр уыд, æмæ раздæр хæдзар- мæ ацу, дæ гыццыл хойы демæ рахон. Мад ын цалдæр хатты загъта: «Дæ хойы дæр демæ ахондзынæ». Кæд Хасанæн дуканийы фæстæ хæдзармæ йæ зæрдæ æх- сайдта, уæддæр æм хойы мæт уыйас нæ -уыд,' ног ба- тарейкæтæ йæ фанарыл авзарын цас фæндыд. Æмбæл- дысты йыл сывæллæттæ дзыгуыргай, бирæтæн сæ ма’- дæлтæ æмæ фыдæлтæ дæр семæ. Хъæлдзæг хъæлæба- имæ тындзыдтой сырддонмæ. Абон хуыцаубон у, скъо- ладзаутæн улæфты бон. Уымæн афтæ арæх сты сырд- донмæ цæуæн уынгты. Уæлдайдæр фæссихор сырдтæн сæ хæрынафон вæййы. Уæд бынтон диссаг у уыдонмæ бакæсын. Сырддоны бруйы рахизфарс уыди урс арсы æмæ тигры нывтæ. Галиуырдыгæй — дынджыр саубарц домбайы ныв. Дарддæр бруйы зест фæрстыл йæ цæст ахаста Хасан. Бирæгътæ, рувæстæ, алы мæргътæ, сæ- гуыт, дзæбидыр. Диссаг æм дзы иу дæр нæ фæкаст. Маймулиты ныв куы никуы æруыдта, уæд лæппу йæ цæстæнгас раздæхта, кассæмæ билеттæм чи лæууыд, уыцы адæмы ’рдæм. Бирæ сты тынг. Кæрæдзийы фæс- тæ атъанг сты, сæ кæрон суанг уынджы тигъмæ ахæццæ. Мидæгæй, быруйы фале дзолгъо-молгъо райхъуыст. Бирæ адæмы сонт худын. Фæсабыр, стæй та ног... Уый та, æвæццæгæн, маймулитыл æрæмбырд сты. Хæринаг кæрæдзийæ атон-атон кæнынц уыцы дæлимонтæ, æв- дисынц алы диссæгтæ. Уыдоны размæ тагъддæр ба- ирвæз!.. Ногæй та йæ цæст ахаста радыл. Рæгъ ноджьг адарддæр. 39
Кассæйы тæккæ цурмæ ныр бахæццæ сты дыууæ гыццыл лæппуйы, сæ фæстæ иу лæг, уый фæстæ — пу ус æд сывæллæттæ, дарддæр... Лæппутæй иу райста цалдæр билеты, ныр та йæ къух сивæзта" дыккаг. Уый фæстæ лæджы рад у. Æппæт адæмы ’хсæн дæр бæрæг дардта уыцы зæрондгомау лæг. Уый карæн дзы æндæр ничи уыд, рæсугъд сау пъалто йыл, шляпæ, кæсæнцæс- тытæ. Р1емæ дæр — ничи. Уый йын райсдзæн билет. (Лæппуты зоны: уыдонæй ницы пайда ис.) Лæджы рад æрхæццæ, кассир-сылгоймагмæ сдзура, зæгъгæ, йæ дзых куы схæлиу кодта, афтæ йæм Хасан дзуры: — Хорз лæг, билет ма мын райс! Лæг йе ’ргом разылдта. Раздæр джихауæй фæкаст Хасаны къухы гæххæттын соммæ, стæй та Хасаны цæсгоммæ. Лæппумæ цъусдуг фæсмон фæзынд. Фæлæ йын зæронд лæг йе ’хца куы айста, æмæ кассæйы ’рдæм куы баздæхт, уæд та фæхъæлдзæгдæр. Равдæл- дис æй аивæй иннæ радылæуджытæм акæсынмæ дæр: кæд, мыййаг, хъаугъа кæнынмæ хъавынц. Дзургæ ни- чи ницы скодта, фæлæ йе ’гъдау сæ зæрдæмæ кæй нæ цæуы, уый бæ;лвырд раиртæста. Æвзæр цæстæн йæм ракастысты иууылдæр. Зæронд лæг раздæхт, билет йæ къухы. Хасан тагъд кодта маймулитæ фенынмæ, фæндыдис æй рæвдздæр йæ билет æмæ йæ цыппар абазийы райсын, кулдуарæй фæкуыси уæвын. Фæлæ лæг билет йæ дзыппы нывæрд- та æмæ мидбылхудгæйæ, хуыздæр æй куыд хъуыста- иккой адæм, афтæ йæ хъæлæс фæбæрзонддæр кæнгæ- йæ сдзырдта. — Дзæбæх лæппу, мæхицæн билет райстон. Ныр та дæу тыххæй æрлæудзынæн рады. Кæд дын зын нæу, уæд мæм фенхгьæлмæ кæс. Зæронд лæг ’ сындæггай фæстæмæ рацыд æмæ, æцæгдæр, æпрæты кæронæй æрлæууыд. Хасан хорзау нал уыд. Царддурау аззад йæ бынаты. Адæм бахæл- 40
хъой сты. Цыдæртæ дзырдтой. Цы, уый фыццаг нæ хъуыста лæппу. Чысыл йе ’муд куы æрцыд, уæд бам- бæрста, кæй фæхудинаг. Ныхæстæ йæм хъарын рай- дыдтой: — Маймули нæу, зæгъут, йæхæдæг? — Уæллæй, маймули! — Билет ма йæ цæмæн хъуыд уæд? — Ха-ха-ха! Къалатийæ ралыгъд. — Диссаджы ми йын бакодта!.. Ног-иу чи æрбацыд, уымæн дæр дзырдтой хабар: Тынг цымыдисаг фæкаст алкæмæ дæр. Суанг билет- уæйгæнæг ус дæр чысыл фæрсаггондæй йæ сæр ра- дардта: — Алæма, кæцы у, кæ? Хасаны йæхи айсын фæидыд. Фæлæ нал арæхст. Адæргæй батарейкæтæ йæ дзыппы атъыста. Уайминут сæ фæстæмæ фелвæста. Сæр ныггуыбыр. Æдзынæг кæ~ сы йæ туфлиты фындзтæм. Ехх, ныр мысты хуынкъ туманæй! Уæд та бындз куы фестид. Æнæзынгæйæ- атæхид, дард ран йæхи бафснаид. Гыццыл лæппутæ æмæ чызджытыл худæг бахæцыд. Уыдонæй бирæты бæргæ ранæмид, æндæр уавæрьг уæвгæйæ. Искæуыл дзы кæд æрхæст уаид искуы. Хис- дæрты ныхæстæ йæ зæрдæйы иннæрдæм хызтысты: — Ей, лулæ уал сдым, цалынмæ дын билет иса.. уæдмæ. — Тамако дæр дымдзæн. Ахæмы каст кæны. Æц- цæй, тамако нæма фæдымыс? Уæлдай та йæ аргæвстой зæронд лæгæн йæхи ны- хæстæ: — Æз дæр-иу дæуыйасæй искæмæн исын кодтон билет. Ма ’фсæрмы кæн! Æфсæрмы та цы у? - Лæппуйæн йæ хид къоппæй акалд. Уыдта, йæ мæс- тæймарджытæ мидæмæ куыд ивылдысты, уый. Уалынмæ лæг йæ уæлхъус æрлæууыд: 41
«Цæй, цом: иннæ хаттмæ дын зонды хос уыдзæн». Куыддæр Хасанмæ билет бафтыд, афтæ фæмидæгдуар . ис. Зæронд лæгæй йæхи фæтылиф кодта, фылдæр адæм кæм змæлыд, уым йæ сæр фæтъыста. Алчи сырдтæм каст. Хъуыды дæр ничиуал кодта Хасаны худинаг. Куыдфæстæмæ йе ’муд æрцыд. Йæ цыды сæр æрбаймысыд: маймулитæ! Сæ къалатиты цур нымбырд бирæ адæм, фылдæр— сывæллæттæ. Хасан дæр бынты — быргæ, быргæ, æмæ æппæты разæй фæци. Маймулитæ диссаджы цæрдæг æмæ арæхстджын уыдысты. Къухтæй истой къафеттæ, сæкæры къæрттытæ. Адæймагæй дæсныдæр æхсыдтой æхсынæнтæ. Къалатиты телты æхсæнæй-иу сæ даргъ цæнгтæ радардтой, æри-ма исты, зæгъгæ. Фæрсæй-фæрстæм лæууыд дыууæ къалатийы. Иуы æртæ маймулийы: мад, фыд æмæ сæ лæппын. Иннæ- йы — æрмæст иунæг. Æртæмæ хорз каст уыд, алчи- дæр уыдонæн лæвæрдта. Мад æмæ фыд-иу раздæр лæппыны бауагътой. Уый цы нæ хордта, уыдон сæхи- цæн дыууæ дихы кодтой. Устытæй иу йæ хызынæй айк систа. Хæмхудджын ^бинонты къордмæ йæ балæвæрдта. Лæппын маймули йæм йæ рахиз къухæй фæлæбурдта, къалатийы асины уæллаг хъæдыл ацауындзæг. Уым — цъилау зилгæ, ра- гæпп-багæпп, хъыллистытæ, чыр-чыр. Уæддæр айк нæ хауы. Хясан ныллæг быругондæй ноджыдæр йæхи баи- вæзта, кæсы йæм хæлиудзыхæй. Фæлæ æваст галну- ырдæм фæзылд, фæхъæр ласта: — Мæ батарейкæтæ! Байрæджы! Иунæгæй цы маймули цард, уый уæ- дæй нырмæ дæр адæммæ мæстæй мæлы, кæй йæ нæ хъуыды кæнынц, уый тыххæй. Ныр хæринагæнхъæлæп Хасаны батарейкæтæ арæдывта, смидæг сæ кодта къа- латийы фаллаг къуымы. 42 *
Адæм куыднæ æркастаиккой. — Мæнæ æрдæбоны лæппу! — фæхъæр ласта чи- дæр. Ныр бирæтæ базыдтой Хасаны. Амонынц æм къу- хæй, иннæтæн дзурынц цыдæртæ. Райхъуыст та кæй- дæр мæстæймарæн хъæлæс: — Маймули дæр зонгæ кæны, кæмæн цы ’мбæлы, уый! Фылдæр адæм , уæддæр нæ бамбæрстой хабар. «Циу? Цы ’рцыд? Цы кодта лæппу?» Дфбамбырд сты алырдыгæй. Хасан алыгъдис сырддоны иннæ
къуыммæ, сывæллæттæ—йæ фæстæ. Æндæр ран та амбæхсынмæ хъавыд, фæлæ адæм сцымыдис сты æмæ йæ фæдыл тахтысты, цыдæр диссаг æрцыди æмæ йæ базонæм, зæгъгæ. Маймулитæ дæр сæ рæстæгмæ фе- рох сты... — Уыцы лæппу у: маймули йæ куыд базыдта! — æгас сырддоныл хъуысти кæйдæр тъæнгтæцæгъдæн хъæлæс. Хасанæн ма уынгмæ ралидзын йæ сæр хорз æр- цахста. - Ехх, фæлтау сырдтæ йæ дунемæ дæр куынæ фед- таид ацы худинаджы бæсты!
— Мах та цы кусæм? — Мæнæу кæрдынмæ — хисдæр кълæстæ, къутутæ бийынмæ — хисдæр кълæстæ. — Ныр та нартхор тонынмæ дæр — уыдон. — Фæндзæмтæ, сымах та уал уым бадут! ", — Мах кæмæй æвзæрдæр бакусдзыстæм? Ахæм ныхæстæ хъуыст скъолайы кæртæй. Уым кол- хозы сæрдар Сабаз æмæ фæндзæм къласы разамонæг Раисæ Солтановнæйы алыварс æрæмбырд сты фæн- дзæм къласы чызджытæ æмæ лæппутæ. Сылтаныхъы рæгътæм сæ нартхор тонынмæ кæй нæ арвыстой, уый 45
сывæллæттæн тынг хъыг уыд. Сæ маст не ’мбæхстой колхозы сæрдарæй дæр. — Омæ тæсчъытæ нæ фаг кæны, ’тæсчъытæ! — тыхстхуызæй дзырдта сæрдар. — Горæтæй дæр нæм бцрæ адæм æрцыд æххуыс кæнынмæ. Куыд ныууагъ- таиккам нæ уазджыты æнæ кусæнгарз. Чи ма дзы аз- зад, уыдон та дæсæмкъласонтæн радтæм. Сæрдар йæ цæстæнгас ахаста сывæллæтты цæс- гæмттыл. Цыдæр ахъуыды кодта, стæй рæвдаугæ хъæ- лæсæй загъта: — Абон уал мæнæ уæ фæлварæн участочы баку- сут, стæй уæд фендзыстæм... Афтæ нæу,, Раисæ Сол- тановнæ? — Раст зæгъы колхозы сæрдар. Сабитæ, рацæут мæ фæстæ: зымæгон къабуска æркæрдæм. Æппæт хуымы дæр, нæхи кълас кæй бакуыста, уыцы хайæ, хуыздæр нæй. Бафснайæм æй ныр. Директор дæр аф- тæ фæдзæхста. Скъоладзаутæ æнæбарыгомау араст сты сæ къласы разамонæджы фæстæ. Куыстой куыдфæндыйæ. Чызджытæ рæвдздæр æв- нæлдтой. Фæлæ уыдоны дæр нартхор тонынмæ кæй фæндыд, уый бæрæг уыд. Фидар æрбадт стыр къабускайыл æмæ йæ амонæн æнгуылдзæй Хъасболатмæ, рауай, зæгъгæ, фæсидт: — Цы, уый зоныс? Æрхъуыды кодтон! — Цы? — Тæсчъытæ нæхæдæг сбийæм! — Æмæ дын зонгæ та чи кæны? — Æз зонын. Уеппæтæн дæр бацамондзынæн. Ауынаффæ кодтой æмæ бацыдысты Раисæ Солта- новнæмæ. Къласы разамонæг дæр разы уыд, æрмæст къабус- кайы куыст цалынмæ фæуыдаид, уæдмæ бар нæ лæ- вæрдта хъæдмæ ацæуынæн. Скъоладзауты æхсæвæд- 46
дæйы нартхор тонынмæ куыд тынг фæндыд, уымæ гæс- гæ рæвдз февнæлдтой кусинагмæ. Сахаты, ’рдæджы фæстæ фæлварæн хайы иунæг къабуска дæр нал уыд. Уыцы фæдыл скъоладзаутæ фæраст кодтой æввахс хъæдмæ. Тæсчъы уис цæмæй ракæндзыстут, зæгъгæ, сæ къласы разамонæг куы бафарста, уæд Фидар æмæ Хъасболат кæрæдзимæ бакастысты , æмæ загътой: «Ссар дзыстæм!» Тындзгæ цыдысты чызджытæ æмæ лæппутæ. Уай- гагъд схæццæ сты Нарты къуылдыммæ. Фидар æрлæу- уыд æхсæр къутæры раз. — Цæй цыргъаг уæ кæмæ ис, уый бавналæд уис цæгъдынмæ. Уый ма æфсоны ныхас уыд: Фидар хорз зыдта, къласы лæппутæй алкæмæ дæр цыргъ хæрынкъа кæй уыд, уый, фæлæ сæ скъолайы уæлæмæ дæр нæ истой: ахуыргæнджытæй нæ уæндыдысты. Ныр æндæр амал нал уыд, алчи йæ хæрынкъа систа йæ дзыппæй. Уай- тагъд æхсæр къудзиты сыбар-сыбур ссыд. , Фæззыгон уис тасагдæр вæййы. Æнцон бийæн у. Фæлæ уæддæр уæлбæласон уистæ сæртæг сты, æмæ ахæмтæ кæнын нæ уагъта Фидар. — Бындзыд уистæ агурут,— амыдта уый йе ’мбæлт- тæн,— кæннод тæлм æвæргæйæ асæтдзысты сæртæг уистæ. к Лæппутæ хъуыстой Фидармæ, уымæн æмæ уымæй хуыздæр ничи зыдта хъуыддаг. Уыдонæй бирæтæ тæскъ никуы сбыдтой ныронг. Уистæ æмбырд кодтой æмæ сæ къудзитæй фæзмæ хастой къласы чызджытæ. Уис фаг куы ’рцæттæ код- той* уæд Фидар къуылдымыл иу лæгъз ран æркалдта уисты æргъом, февнæлдта сæм æвзарынмæ, амыдта иннæтæн дæр: — Лæппутæй алчидæр равзарæд даргъдæр уистæ михтæн, тасагдæр уистæ та—тæлм æвæрынæн. Ми- 47
хæй ’михы ’хсæн тымбыл къух куыд цæуа, афтæ сæ æрсадзут зæххы. Бинаг тæлм алы тæскъæн дæр сæвæ- рут мæнмæ гæсгæ. Зындæр у тæлм баныхасын, æмæ уый мæ бар уадзут. Кълас куыста разæнгардæй. Чызджытæ æхсæстой уистæ: галиу къухæй-иу уисы къæдзилыл фæхæцыды- сты, рахиз къухæй та-иу æрхафтой сыфтæрты, уыдон дæр, миты тъыфылтау зилдухгæнгæ, зæхмæ хаудысты. Къæхты бын сыфтæрæй байдзаг. Бахъуыд сæ иуварс- мæ бассивын. ...Фæссихор Нарты къуылдымыл бызычъитау фæ- зындысты æрдæгбыд тæсчъытæ. Изæрмæ бирæ нал уыд, æмæ сывæллæттæ тагъд кодтой сæ тæсчъытыл. Æппæты фыццаг йæ куыст фæцис Фидар, Хъасболаты æххуысæй сæфтыдта тæскъ, уæлгоммæ йæ сфæлдæхта, хæрынкъайæ слыг кодта михты цыргъ кæрæттæ. Здыхт уистæй тæскъæн сарæзта хæцæн. Иннæтæ дæр тындзыдтой. Изæрдалынгты скъоладзаутæ æд тæсчъытæ заргæ æрфардæг сты хъæумæ. Дыккаг бон та.райсомæй сывæллæттæ æрæмбырд сты скъолайы кæртмæ. Колхозы сæрдар, фæндзæм къласæй йæхи иуварс ласта, адонæн æнæ тæсчъытæй Сылтаныхъмæ æрвитæн нæй, зæгъгæ. Фæлæ скъола- дзаутæ сæ разы рæнхъ-рæнхъ æрæвæрдтой ног быд тæсчъытæ. Сæрдарæн загътой: — Гъе, ныр та ма цы ’фсон кæныс? Цы ма загътаид Сабаз! Фæндзæмкъласонтæ сбад- тысты фыццаг машинæйы, иннæтæй раздæр араст сты Сылтаныхъы быдыртæм нартхор тонынмæ. Фидар уыдис тынг хъæлдзæг. Йæхи дардта бæгуы лæгау. Æмæ цы? Исты лæгдзинад нæ бакодта!
чиныджы ис цъупхудджынтæ .... уæныг кæнæ чеппо, кæнæ мæ фысымтæ таймуразы мæт ÆФСАРМ ФÆНДЗÆМКЪЛАСОНТÆ В БУДЕНОВКАХ Рассказы для детей младшего и среднего школьного возраста (на осетинском языке) Редактор С. 3. X у г а е в. Художник Ю. Г. Б е г а е в Художественкьзй редактор X. Т. С’абано в. Техниче* ский редактор А. А Д з г о е в. Корректоры В. Т. А й л а- р о в а, В. Т. Дзодзикова. Наборщик 3. М. А г у з а- р о в а. Печатник 3. Каргиева ♦ Сдано в набор 8-1У-1972 г. Подписано к печати 28-У1-1972г. Формат бумаги бОХ8П/1(.. Печ л. 3. Усл.-п. л 2,76. Учет- но изд. листов 1,42. Тираж 20С0 экз Заказ № 727, Кзд. № ’М. Цена 7 коп. На бума’ е № 1. ЕИ01576 Книжное нздателпство Управлекия по печати при Сове- те Министров СО АССР, г. Орджоникидзе, ул. Димитро- ва, 2. Книжная типогрпфия Уп^авления по печати при Совете Министроп СО АССР, г. Орджоникндзе, ул. Тсльмана, 16. 3 13 19 30 38 45