/
Text
84 0се
Б-88
Брытъиаты С.
Б—88 Дзеджы фырт Дзег. — Дзæуджыхъæу: «Ир», 2002 — 95 ф.
Бритаев С.А.
Дзег сын Дзега.
Б 4803500201-40
М131(03)-02
84 Осе
Брытъиаты
Созырыхъо
1892-1961
Нсе чысыл хæлæрттæ, нæ чиныгксесджытæ!
Ацы цымыдысаг аргъау уын куырыхон ирон лсег Брытъиаты Ауыз-
бийы фырт Созырыхъо ныффыста ивгъуыд сенусы фæндзайæм азты.
Нсе буц хистæртæй абон дсер бирсетсе серымысынц Дзеджы
фырт Дзеджы хъсебатыр хабсерттсе.
Æмсе диссаг дсер куыннсе у! Хæрзчысыл лсеппу ацыд цуаны. Фем-
бселд йсе фыды сердхордыл, Æфсатийыл, Хуры сертсе чызгыл. Йæ зонды
руаджы фсеуселахиз сертсе хæйрсегыл, — йсехирдыгæй бакодта се ртсе
хсезнайы, сфардсег Хуры галуантæм, рахаста рсесугъд Зсеринсейы.
Хъæлдзæг æмæ цинæфсæстæй рацæйздæхт сæхимæ, фæлæ йын фæндагыл йæ уар-
зоны аскъæфта дæлимонты паддзах Бæлгъуыр.
Дзеджы фырт чысыл Дзег йæ дарддæры фæндагыл цытæ бавзæрста, æлгъаг
паддзах Бæлгъуырыл куыд фæуæлахиз, уыцы хабæрттæ базондзыстут, чиныг кæ-
ронмæ куы бакæсат, уæд, уыимæ, æнæмæнгæй, фæхайджын уыдзыстут Дзеджы
фырт Дзег æмæ Хуры чызг Зæринæйы рæсугъд миниуджытæй.
Нæ зынаргъ хæлæрттæ!
Мах гуырысхо нæ кæнæм, абонæй фæстæмæ ацы чиныг кæй уыдзæн уæ
уарзондæр чингуытæй иу, ууыл. Фæлæ хъуамæ сымах зонат, Брытъиаты
Созырыхъо ма уын кæй ныффыста бирæ диссаджы аргъæуттæ иронау
дæр æмæ уырыссагау дæр.
Йæ аргъæутты чиныг уырыссагау фæстаг хатт рацыд 1995 азы.
Брытъиаты Созырыхъо зæрдиаг куыст бакодта, цæмæй ирон адæмон
аргъæуттæ æмæ Нарты кадджытæ уагъд цыдаиккой чингуыты, адæм
сæ кастаиккой.
Созырыхъойы фыст аргъæуттæм йæ рæстæджы хорз нывтæ скодта хæда-
хуыр нывгæнæг Гæздæнты Цопан. Бирæ хæттыты рацыдысты Созырыхъойы
аргъæутты чингуытæ уыцы нывтимæ — сау ахорæнæй арæзт нывтимæ.
Ацы чиныг дæр Цопаны нывтимæ цæуы, æрмæст сæ мах, компъютеры
руаджы, хуызджын нывтæм раивтам. Нæ бон цас бацис, уыйас сыл бацархайд-
там æмæ нæ уырны, уæ зæрдæмæ кæй фæцæудзысты, уый.
Ныр та нæм ис иу курдиат, нæ зынаргъ хæлæрттæ: кæд уæ исчи ныв кæнын-
мæ арæхсы, æмæ йæ ныфс хæссы хуыздæр нывтæ скæнынмæ, уæд чиныгуадзæн
"Ир " иннæ хатт ацы аргъау рауадздзæн уыцы нывтимæ.
Нывтæ скæнын у алкæйы бон дæр, уыимæ æцæг нывгæнджыты бон дæр.
Æнхъæлмæ кæсдзыстæм хуыздæр нывтæм. Ныр та уал кæсут Дзеджы фырт
Дзеджы аргъау.
Рæсугъд æмæ амондджынæй бахъомыл ут.
Редактор Кокайты Тотрадз
уырттаты сау комы, урс хохы рæбын, иу сæгæйдзаг
хæдзары царди æмæ уыди мæгуыр зæронд цуанон Дзег йæ зæронд ус Азауимæ.
Зæронд Дзег цуан кодта Куырттаты сау хъæды, урс хæхты æмæ сау хæхты.
Фæцуан-иу кодта бон, дыууæ боны, авд боны, сырдагур-иу фæзылд æрхыты
æмæ адгуыты, фæндæгтыл æмæ æвæдты. Бафæлладис-иу мæгур Дзег, фæлæ
йын цы гæнæн уыд, — афтид армæй куыд аздæхтаид йæ мæгуыр хæдзармæ.
Æмæ-иу æстæймаг бон æрхаста сæгуыт кæнæ сычъи, дзæбидыр кæнæ арс,
æрхаста-иу сæрджын саг, хаттæй-хатт та — хъæддаг гал дæр. Фæлæ-иу афтид
армæй куы æрыздæхти Азаумæ, ахæм бонтæ дæр скодта Дзегыл.
Дзег-иу цуаны куы уыд, уæд-иу зæронд Азау та хæдзары баззади æмæ йæ
лæджы дзауматæ æмпъызта. Æмпъузæн æмпъузæныл æвæрдта æмæ æнхъæлмæ
касти Дзеджы æрыздæхынмæ.
Гъе, афтæмæй æрвыстой сæ зæронды бонтæ Дзег æмæ Азау. Æмæ кæд цы-
фæнды мæгуыр уыдысты, уæддæр сæ цардæй никуы рахъаст кодтой. Фæлæ сын
цот нæ уыди, æмæ ууыл тынг тыхстысты.
— Хох æмæ быдыры дауджытæ, иунæг сауцæст лæппу нын уæддæр раттут
кæнæ та иу цъæхдзæст чызг! Æлгъыстæй нæ мæрдтæм ма барвитут, нæ мыггаг
нын ма сыскъуынут! — куывтой Дзег æмæ Азау.
Фæлæ дауджытæм Дзег æмæ Азауы лæгъстæтæ нæ хъардтой æмæ сын нæ
сауцæст лæппу лæвæрдтой, нæ цъæхдзæст чызг.
ухатт та зæронд цуанон Дзег йæ бæх Æрфæныл бабад-
ти, йæ уарт, йе ’рдын, йæ фатдон райста, æрцауыгъта уæззау цирхъ æмæ Аза-
уæн афтæ зæгъы:
— Æз цæуын Куырттаты саухъæдмæ цуаны. Кæд Æфсатийы бафæнда, уæд
мæ къухы исты бафтдзæн. Ды та, зæронд, ме ’рцыдмæ дон схæсс суадонæй
æмæ сугтæ æрæмбырд кæн.
Куыддæр Дзег хъæды аууон фæци, афтæ Азау дыууæ къæртайы йемæ
айста æмæ къахвæндагыл нарæг комы суадонмæ ныццыди. Йæ иу къæрта
уазал донæй байдзаг кодта æмæ йæ дурыл æрæвæрдта. Стæй байдзаг код-
та дыккаг къæрта æмæ уый дæр иннæйы фарсмæ дурыл æрæвæрдта. Ныр
сæ сисон æмæ араст уон куыд загъта, афтæ йæ сæр разылд æмæ йæ цæс-
тытæ атартæ сты. Ныццудыдта мæгуыр ус, йæ къæртаты фарсмæ къæйтыл
æрхауд æмæ йын райгуырди лæппу — сауцæст лæппу райгуырди зæронд Азауæн.
Уадзыгæй лæууы Азау суадоны раз. Хур хæхты ’рдæм фæкъул, æрмæст уæд
æрчъицыдта. Сыстади, сывæллоны систа, йæ риумæ йæ æрбалхъывта æмæ
ныккуыдта.
Фырцинæй кæуы Азау æмæ дзуры:
— Хæхтæ æмæ быдыры дауджытæ! Табу, уæ хорзæхæй, нæ зæронды бонты
нæ æнæ дарæг, æнæ уромæг кæй нæ ныууагътат, уый тыххæй.
Азауæн йæ зæрдыл æрбалæууыдысты йæ доны къæртатæ æмæ хъуыдытыл
фæци: «Ныр нæ хæдзары доны цъыртт куы нæ ис, уæд сывæллоны цæмæй
цæхсдзынæн?»
Ус стыхст, йæ къæртатæн цы кæна, уый нал зоны.
Уæд сывæллон æвиппайды йæхи айвæзтытæ кодта йæ мады хъæбысы, зæх-
мæ æргæпп ласта æмæ афтæ зæгъы:
— Мæт ма кæн, нана! Ды разæй цу æмæ мын фæндаг амон, къæртатæ мæ
бар уадз!
Ныддис кодта зæронд Азау æмæ йæ лæппумæ дзуры:
— Нæ, нæ, мæ хур. Ды нырма чысыл дæ, де уæнгты хъару нæма ис. Куыд
сисдзынæ уæззау къæртатæ æмæ сæ ацы нарæг къахвæндагыл уæлæмæ куыд
схæсдзынæ? Нæ, нæ, мæ къона! Къæртатæ мæ бар уадз, ды та мæ фæдджийыл
хæц æмæ мæ фæдыл цу.
Фæлæ лæппу йæ мады коммæ нæ бакаст: къæртатæ фелвæста æмæ нарæг
къахвæндагыл уæлæмæ азгъордта. Лæппу афтæ тагъд уадис, æмæ йæ Азау æй-
йафгæ дæр нал кодта.
— Фæлæуу, мæ зæрдæдарæн, дæ мадмæ! Фыдбылызæн бирæ нæ хъæуы,
исты дæ фæрисдзæн, мыййаг, — дзуры йæм фæстейы Азау. Лæппу йæм кæсгæ
дæр нæ ракодта.
Сæхимæ куы схæццæ сты, уæд Азау къонайы арт акодта, уæларт дон авæрд-
та, хъарм донæй лæппуйы æрæхсадта, æхсырæй йæ афсæста, фæлмæн нымæ-
тыл æй æрæвæрдта æмæ йæ æрсдзармæй æрæмбæрзта. Сывæллон куы афынæй,
уæд ын зæронд Азау нымæтын дзабыртæ хуыйыныл æрбадти, фæлмæн тæбы-
нæй та йын хæдон æмæ хæлаф ахуыдта. Уый фæстæ бæгæны бахсыста æмæ
Дзегмæ æнхъæлмæ кæсын райдыдта. Фенхъæлмæ йæм касти авд æхсæвы. Фæлæ
уæддæр Дзег зынæг нæй æмæ нæй.
Лæппу та афтæ тагъд рæзыд, æмæ йыл, цыма авд æхсæвы æмæ авд боны
нæ, фæлæ авд азы рацыд, уыйау адынджыр. Уымæн æмæ бон уылынг рæзти,
æхсæв та — дисн.
стæм бон зæронд Дзег æрбаздæхти цуанæй, хæдзары
дуармæ Æрфæны æрурæдта æмæ бахъæр кодта:
— Гъей, зæронд, дуæрттæ бакæн æмæ сæрджын саджы мард айс!
Уыцы ныхæстæм сауцæст лæппу йæ хуыссæнæй фæгæпп ласта, кæртмæ
разгъордта æмæ кæрты дуар фегом кодта. Зæронд Азау хæдзары астæу йæ фæ-
дыл кæсгæйæ баззад.
Зæронд Дзег лæппуйы куы ауыдта, уæд куыннæ ныддис кодтаид. Суанг ма
сæрджын саг дæр йæ къухтæй феуæгъд æмæ зæххыл йæ тъæпп фæцыди. «Кæй у
ацы лæппу? Æмæ кæд лæппу нæу, уæд та? Кæд дæлимон исты у?» — йæхины-
мæр хъуыды кæны Дзег æмæ уæззау цирхъ йæ кæрддзæмæй сласта, лæппуйы
дзы ныццæвон, зæгъгæ. Фæлæ Азау хæдзарæй хъæргæнгæ разгъордта:
— Мæ арт бауазал, зæронд! Уый дæхи лæппу у! Арфæ ракæн хурты хурзæ-
ринæн, хæхты æмæ быдыры дауджытæн, лæппу нын кæй радтой, нæ мыггаг
нын кæй нæ сыскъуыдтой, уый тыххæй.
Ноджы тынгдæр ныддис кодта Дзег:
— Кæцæй нын æрцыд ахæм лæппу, нæ хæдзарæй авд боны æмæ авд æхсæ-
вы размæ куы ацыдтæн, уæд?
Æмæ Азау йæ лæгæн радзырдта, хъуыддаг куыд уыди, уый.
Бацин кодта зæронд цуанон, цирхъ йæ кæрддзæмы нытътъыста, бæхæй
æрхызт æмæ цæстыфæныкъуылдмæ саджы фыдæй физонæг акодта.
Дзег æмæ Азау физонæг æмæ сау бæгæныйæ фыццаджыдæр сæ лæппуйы
бафсæстой, стæй уæд сæхи дæр хорз федтой.
— Усай, ныр нæ лæппуйы куыд схонæм? Хохы цæрæм, адæмы нæ уынæм,
нæхи дæр нын ничи уыны. Æмæ нын нæ лæппуйыл нæхи йеддæмæ ном чи
сæвæрдзæн? — фæрсы лæг йæ усы.
— Раст сты дæ ныхæстæ, зæронд, — загъта Азау. — Фæлæ йыл уæддæр исты
ном сæвæрын хъæуы.
— Цæй, уæд та йыл мæхи ном сæвæрæм.
— Дæу куыд фæнды, афтæ фæуæд, — сразы ис Азау.
Афтæмæй зæронд Дзег æмæ зæронд Азау сæ сауцæст лæппуйы схуыдтой
Дзег.
* * *
Зæронд Дзег цуанæй куы æрбаздæхт, уæдæй бирæ бонтæ нæма рацыд, афтæ
та йæхи рæвдз кæнын байдыдта: цыргъ кæны йæ фæттæ, сырд хуыздæр цæмæй
марой, уый тыххæй сыл æфтауы цæргæсы систæ.
— Афон мын у цуаны цæуынæн, — загъта Дзег йæ ус Азауæн. — Кæннод
æртæ боны фæстæ дæ уæларт цы сæвæрай, уый дæм фыдызгъæл нал уыдзæн.
— Хорз, — дзуапп радта Азау. — Æз дын фæндагмæ кæрдзын скæндзынæн,
иучысыл та дын саджы фыд ацурдзынæн.
Зæронд Дзег æмæ зæронд Азау ахæм ныхæстæ куы кодтой, уæд сæм чысыл
Дзег та, даргь бандоныл бадгæйæ, æнцад хъуыста. Ныхас цæуыл у, уый куы
бамбæрста, уæд фæгæпп кодта æмæ загъта:
— Дада, ды цуаны цæуынæн базæронд дæ. Ныр та æз ацæудзынæн Куырт-
таты саухъæдмæ. Ды нæхимæ къонайы фарсмæ бад æмæ дæ зæронд стджытæ
артмæ тав.
Йæ мадмæ та афтæ дзуры:
— Нана, фæсмынæй мын бахуый куырæт æмæ хæлаф, зæнгæйттæ æмæ
цухъхъа. Хъæддаг галы цармæй — æрчъитæ, арсы цармæй та — худ. Ноджы мын
фæндаггаг дæр исты ацæттæ кæн.
Мад æмæ фыд уыцы ныхæстæм æрæнкъард сты. Стæй зæронд Дзег йæ лæп-
пуйæн загъта:
— Ды нырма æгæр чысыл дæ цуаны цæуынæн, арф кæрдæджы сырд нæ
фендзынæ, искуы фæдзæгъæл уыдзынæ. Дæ къабæзты тых нæма ис æмæ саджы
мард сисын дæ бон нæ бауыдзæн.
Нæ йæм хъусы Дзег.
— Нал мæ фæнды, дада, фæнычы фарсмæ бадын, ауадз мæ цуаны.
Уынынц зæронд лæг æмæ ус, сæ фырт кæй нæ басæтдзæн, уый, æмæ йæ
уæд фæндагмæ рæвдзытæ кæнын байдыдтой. Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы
фæхуыдта Азау йæ чысыл лæппуйæн фæсмын куырæт æмæ фæсмын цухъхъа,
стæй фæсмын зæнгæйттæ, æрсдзармæй — худ, йæ фыд та йын хъæддаг галы
цармæй фидар æрчъитæ бахуыдта.
Лæппу скодта йæ ногхуыд дзауматæ, æрбабаста йæ фыды рон, роныл уæз-
зау цирхъ æмæ хъама æрцауыгъта, райста æрдын æмæ фæттæ. Уый фæстæ Æр-
фæныл саргъ бавæрдта, хордзентæ саргъы раззаг гопмæ æрфидар кодта, сау
нымæт фæстаг гоппыл æрбаста, схон, арт æмæ зных та зæнгойы хъусы атъыс-
та. Стæй бæхмæ сгæпп кодта æмæ фæрсы йæ фыды:
— Кæдæм фæцæуыс цуаны?
Йæ фыд ын загъта:
— Нæ хæдзары дуарæй цы къахвæндаг райдыдта, ууыл араст у цæгатыр-
дæм; ма рахизырдæм фæзил, ма галиуырдæм. Æмæ бахæццæ уыдзынæ мæ зæ-
ронд лымæны æвзист хæдзармæ. Уый дын куыд зæгъа, афтæ-иу кæн. Цæугæ
æмæ рæствæндаг у!
— Амондджын фæндаг, уæлахизы фæндаг дын фæуæд алцæмæй дæр, мæ
къона! — бафтыдта ма йæ лæджы ныхæстыл зæронд Азау дæр.
Чысыл Дзег Æрфæны æрцъыччытæ кодта æмæ Куырттаты саухъæды астæу-
ты, нарæг къахвæндагыл цæгатырдæм фæраст и.
ас фæцыди Дзеджы фырт, чи йын цы зоны, фæлæ иуахæ-
мы бахæццæ иу бæрзонд хохмæ. Кæсы, æмæ хохы цъуппыл хуры тынтæм цы-
дæр æрттивы. Уый уыди йæ фыды лымæны æвзист хæдзар!
Лæппу ехсæй ныццæвтæ кодта йæ бæхы æмæ цæстыфæныкъуылдмæ хохы
цъуппыл фестади. Æвзист хæдзары дуармæ йæ бæх æрурæдта æмæ мидæмæ
бахъæр кодта:
— Гъей, хæдзаронтæ! Уазæг нæ уадзут?
Хæдзарæй рацыд урсзачъе зæронд лæг, урс цухъхъа æмæ урс худ йæ уæлæ.
— Уазæг — амонды уазæг! — загъта зæронд лæг. — Дæ хæцæнгæрзтæ саргъыл
æрæвæр, дæ бæх бæхбæттæныл афтау, дæхæдæг та мидæмæ рахиз æмæ мын мæ
цæхх, мæ кæрдзынæй саход.
Дзег бæхæй æргæпп кодта, хæцæнгæрзтæ саргъыл æрæвæрдта, идон бæх-
бæттæнмæ баппæрста, йæхæдæг зæронд лæджы фæдыл мидæмæ бараст и æв-
зист хæдзармæ.
Урсзачъе зæронд лæг Дзеджы æрбадын кодта нывæфтыд тулдз къæлæтджын
бандоныл, йæхæдæг дæр æрбадт æндæр ахæм бандоныл æмæ йæ фæрсы:
— Зæгъ-ма мын, мæ уазæг, чи дæ, кæцон дæ æмæ дæ фæндаг кæдæм да-
рыс?
— Æз дæн дæ лымæн Дзеджы фырт, цæугæ та ракодтон цуаны.
Ныддис кодта зæронд лæг, йæ бæзджын урс æрфгуытæ уæлæмæ систа, йæ
цъæх цæстытæй лæппумæ бакаст æмæ та йæ фæрсы:
— Æмæ зæронд Дзегæн ахæм лæппу кæцæй хъуамæ уа? Ам куы уыд, уæдæй
нырмæ ссæдз боны йеддæмæ куы нæма рацыди! Ау, уæд мын ницы загътаид?
Кæд, мыййаг, раст нæ дзурыс, мæ уазæг?
— Куыд хъуамæ зæгъон мæнг ныхас? Баууæнд мыл, æз дæн зæронд Дзеджы
фырт, мæнæн дæр мæ ном хуыйны Дзег. Бон уылынг рæзын, æхсæв та — дисн.
Уæд зæронд лæджы бауырныдтой уазæджы ныхæстæ, фæдзырдта йæ фырт-
тæм æмæ сын афтæ зæгъы:
— Фысты дзуджы тæккæ нарддæр фыркъа равзарут, аргæвдут æй, æнæхъæ-
нæй йæ афыцут æмæ йæ ардæм рахæссут. Æз хъуамæ мæ лымæны фырты хорз
фенон.
Уайтагъдцæр урсзачъе зæронд лæджы фырттæ сивыры æрбахастой фых
фыркъа, фынг æрæвæрдтой Дзеджы раз, сæхæдæг уатæй рацыдысты.
Æмæ уæд зæронд лæг Дзегмæ дзуры:
— Цасдæриддæр дæ зæрдæ зæгъы, уазæг, уыйбæрц ахæр, æрмæст стæг ма
аппар, стыр стæг уа, чысыл стæг уа — фынгыл сæ уадз.
Лæппу афтæ стонг уыди, æмæ бирæгъау хæрынмæ фæлæбурдта, кусарт
æнæхъæнæй ахордта. Æрмæст ма дзы дыууæ æнæхсыд фæрсчы баззад. Фæлæ
2 Дзеджы фырт Дзег
уыдон дæр йæ дзыппы авæрдта, фæндаггаг мæм æппындæр ницыуал ис,
зæгъгæ.
Дзег дыууæ фæрсчы йæ дзыппы кæй авæрдта, уый зæронд лæг не ’рхъуыды
кодта.
Дзег йæ былтæ æмæ йæ къухтæ асæрфта:
— Хорз федтон мæхи, дæ минас бирæ!
Уæд зæронд лæг йæ нывæфтыд къæлæтджынæй сыстад, фыркъайы стджы-
тæ иууылдæр æрæмбырд кодта, сæ бынæтты сæ æрæвæрдта æмæ æнæ дзургæйæ
Дзегмæ бакасти. Уый фæстæ тулдз лæдзæг райста, дыууæ фæрсчы дзы æрца-
мадта, иннæ фæрсчытимæ сæ фынгыл æрæвæрдта, нымæтын ехсæй сæ
æркъуырдта æмæ загъта:
— Стджытæ нард фыркъа куыд фестой, афтæ!
Æмæ цæстыфæныкъуылдмæ стджытæ нард фыркъа фестадысты. Фыркъа
хæдзарæй ралыгьд æмæ дзуджы астæу смидæг ис. «Æнæхъæн фыркъа кæм ахорд-
та, уым дзы чысыл хъару нæ уыдзæн, фæлæ уæддæр дыууæ фæрсчы кæм ам-
бæхста, уым, æвæццæгæн æмæ, æгоммæгæс у», — ахъуыды кодта зæронд лæг.
Уый фæстæ фысым Дзеджы æрсдзæрмттыл схуыссын кодта, йæхæдæг та
иннæ уаты схуыссыд.
Райсом раджы зæронд лæг Дзеджы райхъал кодта, хорз æй федта æмæ йын
загъта:
— Тар хъæды гакъæттæй цæуы къахвæндаг. Æхсæвæй-бонæй йыл згъорынц
алыхуызон хъæддаг сырдтæ: сагтæ æмæ сæгуыттæ, сычъитæ æмæ æрсытæ, би-
рæгътæ æмæ тæрхъустæ. Цæугæ уыцы къахвæндагыл æмраст, рахизырдæм дæр
ма фæзил æмæ галиуырдæм дæр, фæлæ сырд амарай — нæ зонын. — Зæронд
лæг сфæнд ходта лæппуйы бафхæрын, дыууæ фæрсчы кæй амбæхста, уый тых-
хæй. — Иу рæстæджы бахæццæ уыдзынæ пылыстæгæй конд хæдзармæ, уый
уыдзæн сырдты хицау сохъхъыр Æфсатийы хæдзар, — кодта йæ ныхас зæронд
лæг. - Дæхи йын-иу бацамон, хъæдмæ цæмæн æрбафтыдтæ, уый дæр ын-иу
радзур, стæй-иу ын мæнæй дæр арфæтæ ракæн.
Дзеджы фырт йæ хæцæнгæрзтæ æрбабаста æмæ бæхмæ сгæпп кодта:
— Хорзæй баззай, мæ фыды лымæн!
— Хуыздæрыл амбæл, амондджын фæндæгтыл фæхæт! — дзуапп ын радта
зæронд лæг.
Дзег Æрфæнмæ ехсæй февзыста, æмæ йæ бæх аскъæфта Куырттаты
саухъæды гакъон-макъон нарæг къахвæндагыл.
ирæ фæцыдаид, чысыл фæцыдаид Дзег гакъон-макъон
къахвæндагыл, чи йын цы зоны. Фæлæ йæм иуафон хæрын æрцыди. Йæ дзып-
пæй фæрсчытæ фелвæста, сæ дзидзатæ сын ахсыдта, стджытæ та дæлвæндагмæ
фехста. Уый фæстæ йæм æрцыди дон нуазын. Бæхæй æргæпп кодта, æрхмæ
ныууад æмæ уазал суадонæй йæ дойны басаста. Фæстæмæ та йæ бæхыл абадт
æмæ йæ фæндаг адардта.
Фæцæуы къахвæндагыл Дзег, кæсы, æмæ дын уæртæ иу сæрджын саг йæ
разæй фæцæуы. Дзег ыл фат суагъта. Фат сагыл нæ сæмбæлд, фæлæ бæласы
ныссагъд, саг та уыцы иу гæпп акодта æмæ тар хъæды фæмидæг.
Цæуы Дзег нарæг къахвæндагыл, æмæ та йæ разæй иу гал-дзæбидыр фез-
гъоры. Дзег ууыл дæр фат суагъта. Фæлæ та уый дæр гал-дзæбидыры сæрты
атахт æмæ бæласы ныссагъд.
Цыди лæппу тархъæды астæуты, алы сырды мыггагыл æмбæлди, фæлæ
дзы иу дæр нæ амардта.
«Нæ байхъуыстон мæ фыды лымæнмæ, фыркъайæ фæндаггаг амбæхстон
мæхицæн æмæ рæстмæ нæ цæуы мæ цуан», — ахъуыды кодта йæхинымæр Дзег.
Æмæ физонæджы бæсты хордта хъæддаг дыргътæ æмæ йæ хъару бынтондæр
басасти.
Афтæмæй аивгъуыдта авд боны æмæ авд æхсæвы. Дзег тынг сæххормаг æмæ
ма тыххæй бады йæ саргъы базыл, дыдæгътæ кæны.
Æппынфæстаг æнусон тулдз бæлæсты аууонæй æрбазынди урс-урсид
хæдзар, йæ алыварс саджы сыкъатæй бæрзонд быру амад. Уым царди сырд-
ты бардуаг сохъхъыр Æфсати.
Æфсатийы хæдзар лæууыди сау къæдзæхыл, дæлджинæджы тæккæ былыл.
Бынæй, арф комæй, хъуысти знæт доны хъæр.
Дзег кæрты дуары цур бæх фæурæдта æмæ мидæмæ бахъæр кодта:
— Гъей, хорз адæм, уазæг нæ уадзут?
Дзеджы хъæрмæ хæдзарæй разгъордта иу лæппу.
— Уазæг — Хуыцауы уазæг! — загъта лæппу. — Дæ хорзæхæй, дæ бæхæй
æрхиз æмæ зæронд Æфсатийы хæдзармæ саккаг кæн.
Дзег бæхæй æргæпп кодта, идон саджы сыкъатæй конд бæхбæттæныл бап-
пæрста æмæ лæппуйы фæдыл мидæмæ бараст. Кæсы Дзег: иу стыр уаты пылы-
стæг къæлæтджыныл бады сохъхъыр Æфсати.
— Фарн уæд ацы хæдзары! — загъта Дзег.
— Фæрнæйдзаг у, уазæг, — дзуапп ын радта Æфсати.
Æфсати Дзеджы æрбадын кодта пылыстæг бандоныл æмæ йæ бафарста:
— Чи дæ, кæцæй цæуыс, стæй — кæдæм?
— Æз дæн Дзег, зæронд цуанон Дзеджы фырт. Цæугæ та кæнын Куырттаты
сау хъæдмæ цуаны.
Æфсатийы нæ бауырныдтой Дзеджы ныхæстæ, йæ бæзджын сау æрфгуытæ
бæрзонд систа æмæ афтæ зæгъы:
— Авд æмæ ссæдз боны йеддæмæ нæма рацыди, дæ зæронд фыд мæ хæдза-
ры куы уыд, уæдæй нырмæ. Ныртæккæ кæм бадыс, уым бадт, афтæмæй хъаст
кодта: хох æмæ быдыры дауджытæ мын, зæгъы, нæ лæппу аккаг кæнынц, нæ
чызг. Уæд ын ныр дæуыйас фырт кæм уыди?
— Мæ ныхæстæй мæнг ницы у, баууæнд мыл. Дада цуаны куы уыд, æз уæд
райгуырдтæн, æмæ мæ уый нæма зыдта. Куы райгуырдтæн, уæд бон уылынг
рæзтæн, æхсæв та — дисн. Æмæ уымæн афтæ адынджыр дæн, — бамбарын
кодта Дзег.
— Тынг æхсызгон мын у дæ фенд. Кæд зæронд Дзег йæ зæронды бонты
уæддæр базонид фырты ад, — загъта Æфсати. — Ныр уал исты ахæр, дæ фæллад
суадз, стæй райсом раджы, хур куы нæма скæса, уæд цуаны ацæудзынæ.
Æфсати йæ уазæгæн аргæвста нарддæр дзæбидыр æмæ йæ æнæхъæнæй сфи-
зонæг кæнын кодта.
— Нæ цæхх æмæ нын нæ кæрдзынæй саход. Æрмæст стæг ма аппар, стыр
стæг уа, чысыл уа — се ’ппæты дæр фынгыл æвæр, — загъта Æфсати, йæхæдæг
иннæ уатмæ рацыди.
Æфсатийы базонын фæндыд, йæ уазæг коммæгæс у, æви нæу.
Дзеджы фырт афтæ æххормаг уыд, æмæ дзæбидыр æнæхъæнæй ахордта,
æрмæст ма дзы дыууæ фæрсчы фынгисæггаг фæуагъта. Мæхицæн дзы фæндаг-
мæ амбæхсин æмæ та мæ цуан куы нæ фæрæстмæ уа, зæгъгæ, йæ ныфс нал
бахаста кусартæй хай амбæхсын. Уый фæстæ иу кæхцы дзаг уазал дон ануæзта,
йæ былтæ асæрфта æмæ æнхъæлмæ кæсы.
Æфсати Дзеджы цурмæ бацыд, стджытæ банымадта æмæ æххæст куы разын-
дысты, уæд сæ æнæ дзургæйæ иумæ æрæвæрдта, нымæтын ехс райста, стджытæ
дзы æрцавта æмæ нард, къуыбырсы дзæбидыр фынгæй зæхмæ æргæпп кодта,
кæртмæ уыцы иу сæррæтг аласта, кæртæй та тар хъæдмæ фехста йæхи.
Уый фæстæ Дзегæн афтæ зæгъы:
— Райсом раджы, куыдцæр хуры тынтæ сау хъæды сæрмæ æрбазыной, афтæ
цæугæ хъæды къахвæндагыл цæгатырдæм. Фæндагыл æмбæлдзынæ алыхуызон
сырдтыл. Хъæдцаг галтæ æмæ сæрджын сагтыл, сычъитæ æмæ дзæбидыртыл,
тæрхъустæ æмæ æрсытыл. Дæ зæрдæ дзы кæй зæгъа, уый мар.
— Бузныг дæ цæхх, дæ кæрдзынæй, дæ рæвдауæн ныхасæй, — раарфæ
кодта Дзег Æфсатийæн. Куыдцæр Æфсати иннæ уатмæ рацыди, афтæ Дзег
æрхуыссыд æмæ уайтагъддæр тарф фынæй аци.
айсом раджы хуры тынтæ хæхты цъуппытыл нæма ан-
дзæвыдысты, афтæ Дзег йæ хуыссæнæй фестад, уазал донæй йæхи ахсадта,
æмæ Куырттаты сау хъæды нарæг къахвæндагыл цæгатырдæм араст.
Фæцæуы Дзеджы фырт гакъон-макъон фæндагыл. Иу æмæ дыууæ сырдыл
нæ фембæлди хъæды астæу. Æмæ сæм Дзег не ’вналы. Æнæхъуаджы цæмæн
æвнала йæ фыды лымæн сохъхъыр Æфсатийы фосмæ! Иу афон æм хæрын
æрцыд. «Ехх, ныр физонæг ахæр», — ахъуыды кодта Дзег йæхинымæр.
Æмæ дын хъæды тарæй къахвæндагмæ иу сæрджын саг куы разгъорид.
Дзег фат фелвæста æмæ йыл æй суагъта. Саг йæ мидбынаты хæрдмæ фæхауд,
стæй зæххыл йæ тъæпп фæцыди. Дзег бæхæй æргæпп ласта, фæлтæрд цуано-
нау, саг астыгъта, йæ сæр ын бæласыл ацауыгъта æмæ физонæг кæнынмæ
фæци. Физонæг та афтæ кодта Дзег: саджы фыд лыстæг лыгтæй фиуы тыхта
æмæ сæ бæрз уæхстыл кодта иу иннæйы фæдыл.
Сындæггай зилы Дзег йæ физонæг цæхæры сæрмæ. Сой уæхстæй тæдзы
æмæ зынгтыл цъыс-цъыс кæны, йæ тæф æгас хъæдыл апырх.
Физонæг куы фæбур, уæд Дзег цъæх кæрдæгыл æрбадт æмæ хæрынмæ бав-
нæлдта.
Æвиппайды йæ сæрмæ базырты пæр-пæр ссыд. Скаст уæлæмæ. Æртæ бæло-
ны ратæх-батæх кæнынц æмæ Дзегмæ дæлæмæ кæсынц, цыма сæ физонæг
ахæрын фæнды, уыйау. «Адон махмæ бæлæтты хуызæн не сты», — ахъуыды
кодта Дзег, йæхæдæг сæм дзуры:
— Мæ сæрмæ цы ратæх-батæх кæнут æмæ мæм цыбæлæй цы кæсут? Фæлтау
мæ фарсмæ æрбадут æмæ уæ бур физонæгæй хорз фенон.
Бæлæттæ ма иуцасдæр аратæх-батæх кодтой Дзеджы сæрмæ, стæй сæхи
дæлæмæ æруагътой æмæ артæн йæ иннæ фарс кæлдымыл æрбадтысты.
— Ахæрут физонæг, — дзуры сæм Дзег.
Сæ чысыл сызгъæрин цæстытæй бæлæттæ кæрæдзимæ бакастысты æмæ
æвиппайды чызджытæ фестадысты. Чызджытæ та хуымæтæг нæ, фæлæ ахæм
рæсугъд уыдысты, æмæ сæм лæг кæсынæй не ’фсæст: сæ цæстытæ арвау — цъæх,
сæ дзыккутæ сызгъæринау æрттывтой, сæ уадултæ — туг æмæ ’хсыр, сæ ныхас
та уыди суадоны сыбар-сыбурау.
— Æфсатийы хорзæх дæ уæд кæддæриддæр, — загътой чызджытæ æмæ фи-
зонæгмæ æрæвнæлдтой.
Дзег афтæ дис кодта, æмæ дзурынмæ дæр нал арæхсти. Цыма йе ’взаг йæ
комарынджы ныссалд, уыйау æнцад кæсы чызджытæм, фæлæ тынгдæр — кæс-
тæрмæ. Йæ цæст дзы нал исы æппын, афтæ фæцыд йæ зæрдæмæ.
Чызджытæ хæрд куы фесты, уæд сæ фæрсы:
— Чи стут, зæххыл цæрæг æви уæлæрвты? Æмæ кæдæм у уæ фæндаг?
Чызджытæ йын дзуапп радтой:
— Мах стæм Хуры чызджытæ. Тæхгæ та кодтам дæттæ æмæ денджызты,
хæхтæ æмæ быдырты сæрмæ: адæм зæххыл куыд цæрынц, уымæ кастыстæм.
Ныр здæхæм нæхимæ. Хонæм дæу дæр, Дзеджы фырт, истæмæйты дæ суазæг
кæндзыстæм. Дæ уынд тынг æхсызгон уыдзæн нæ мад æмæ нæ фыдæн дæр.
Афтæ загътой чызджытæ, сæ рæсугъд цьæх цæстытæй та кæрæдзимæ бакас-
тысты æмæ та æвиппайды бæлæттæ фестадысты. Арвмæ стахтысты, лæппуйы
сæрмæ ма цалдæр зылды æркодтой æмæ æнусон бæлæсты аууон фесты.
Дзег сæ фæстæ кæсгæйæ баззади. Бирæ фæлæууыди Дзег къахвæндагыл æнæ
дзургæйæ, арвмæ кæсгæйæ, стæй загъта:
— Ард хæрын арв æмæ зæххæй, æнцад нал æрбаддзынæн, цалынмæ Хуры
чызджыты не ссарон æмæ сын сæ кæстæры нæ ракурон, уæдмæ.
уры хæдзары фестын, йæ сызгъæриндзыкку чызджыты
фенын Дзеджы афтæ тынг æрфæндыд, æмæ — зæгъæн дæр нæй! Арф ныуулæ-
фыди лæппу, бæласы бындзæфхадыл æрбадт æмæ хъуыдыты аныгъуылд.
Бирæ фæбадтис афтæмæй Дзег, бирæ фæмысыди сызгъæрин Хуры
чызджыты, уæлдайдæр та — кæстæр хойы.
Уый фæстæ кæрдæгыл æркъул кодта æмæ тарф фынæй аци. Йæ бæх Æр-
фæн та, йæ цыргъ хъустæ змæлынгæнгæйæ, хъæды уынæрмæ хъуыста æмæ
алырдæм касти: искуы хæстæг хинæйдзаг стай кæнæ æхсарджын домбай ма
уæд, зæгьгæ. Йæ барæджы хъахъхъæдта Æрфæн.
Фæлæ бирæ нæ фæхуыссыд чысыл цуанон: уайтагъд бæстæ хъæр æмæ ахст
сси. Дзег фæсæррæтт ласта. Кæсы, æмæ Æрфæн йæ разы мыр-мыр кæны. Дзег
байхъуыста: лæнкæй цæуы хъæртæ æмæ хъыллист. Дзег лæнчырдæм азгъордта,
ныккасти дæлæмæ æмæ федта: æртæ хæйрæджы цæуылдæр хъаугъа кæнынц,
кæрæдзийы хъустæ ивазынц.
— Гъей, фæстæмæзæвæтджынтæ! Гъей, хъилхъустæ! Адæмы знæгтæ! — ныхъ-
хъæр сæм кодта Дзег. — Хъæд уæ сæрыл цы систат? Æнæ уæрстæй уын цы
баззад? Хуыссын мæ цæуылнæ уадзут? Кæсут-ма ныртæккæ уæхимæ!..
Æмæ сæм Дзег фат фæцарæзта.
Хæйрæджытæ фæхъус сты æмæ Дзегмæ дзурынц:
— Уæ, хорз хæххон дзигло! Маргæ нæ ма акæн. Фæлæ нæ дæ хорзæх уæд,
æмæ нын нæ хъуыддаг равзар. Нæ фыд куы мард, уæд нын ныууагъта æртæ
хæзнайы: худы зæронд, дзæбидыры царм æмæ нымæтын ехс. Цы нæ кæнæм,
уæддæр сæ байуарын нæ фæразæм.
— Гъæ, даргъхъусджынтæ! Уагæр уын æцæг хæзнатæ куы ныууагьтаид, уæд
та ма цы кодтаиккат: сæрыхъуын тæхгæ-тæхын чи лыг кæны, ахæм цирхъ, йе
та, йæ æхст мæнг кæмæн нæ кæны, ахæм фат. Фæлæ цы сты зæронд худ,
лæгуын царм æмæ сывæллоны нымæтын ехс? Кæй хъæуынц ахæм ницæййаг
дзауматæ?
— Нæ, хæххон дзигло, адон цавæр дзауматæ сты, уый ды нæ зоныс! -схор-
хор кодтой хæйрæджытæ æмæ, ныхас кæрæдзийы дзыхæй исгæйæ, радзырд-
той Дзегæн:
— Ацы дзауматы хуымæтæг ма хон, уыдон болат кардæй дæр æмæ рæст-
дзæф фатæй дæр хуыздæр сты. Ацы худ гамхуд у æмæ йæ дæ сæрыл куы æркæ-
най, уæд дæхæдæг алкæй дæр уындзынæ, фæлæ дын дæхи ничиуал уындзæн.
Дзæбидыры цармыл куы абадай æмæ куы зæгьай: «Кæдæм мæ фæнды, уым цæс-
тыфæныкъуылдмæ цы фестон», уæд, кæдæм загътай, уым фестдзынæ цæстыфæ-
ныкъуылдмæ. Нымæтын ехс дæр, — дзырдтой хæйрæджытæ, — сывæллоны хъа-
зæн нæу. Сау хъæдты сырдтæй æмæ æнæхъæн дунейы фосæй зынаргьдæр у нæ
нымæтын ехс. Исты дзы куы æрцæвай æмæ куы зæгъай: «Цы мæ фæнды, уый
фест!» — уæд дæ цæст дæр нæма фæтъæбæртт кæндзынæ, афтæмæй дæ фæндон
сæххæст уыдзæн. Гъе, ахæмтæ сты махæн нæ фыды бынтæ, хорз лæг! Ахæм
диссаджы хæзнатæ куы нæ уыдаиккой, уæд сæ нæ фыды ’фсымæр Бæлгъуыр
цуанæттæй нæ байстаид. Хуыздæр лæварæн сæ нæ фыдæн нæ раттаид. Æмæ
уымæн хъаугъа кæнæм, уымæн хъæр кæнæм авд боны æмæ авд æхсæвы. Исты
хос нын скæн, байуар нын сæ, дæ хорздзинад дын мыггагмæ нæ зæрдыл дар-
дзыстæм.
Ахъуыды кодта Дзег. Æркасти худы зæрондмæ, лæгуын царммæ æмæ ны-
мæтын ехсмæ. Æмæ сфæнд кодта, хæйрæджытæ раст дзурынц — нæ, уый ба-
фæлварын.
— Хорз, æз уын ацы ницæййаг дзауматæ байуардзынæн. Фæлæ ма худ дæ
сæрыл æркæн, — загъта хæйрæджыты хистæрæн.
Куъщдæр худы зæронд йæ сæрыл æркодта сæ хистæр, афтæ æрбадæлдзæх,
цыма уым æппындæр никуы уыд, уыйау цыдæр æрбаци.
Уæд æм Дзег дзуры:
— Сис æй ныр фæстæмæ!
Хæйрæг худ систа æмæ та йæ се ’ппæт дæр фыццаджы хуызæнæй федтой.
Уый фæстæ Дзег астæуккаг æфсымæрæн загъта:
— Дзæбидырдзармыл абад æмæ мын ме ’рдын æмæ мæ фатдон ардæм
æрдав.
Хæйрæджытæн сæ астæуккаг æфсымæр дзæбидырдзармыл æрбадти æмæ
загъта:
— Ацы хорз лæг йе ’рдын æмæ йæ фатдон кæм ныууагъта, уым цы фестон!
Цæстыфæныкъуылдмæ хæйрæг æрхæццæ кодта Дзегæн йæ æрдын æмæ йæ
фатдон æд фæттæ.
Фæстагмæ Дзег хæйрæджыты кæстæрмæ дзуры:
— Дæ хистæр æфсымæры сызгъæрин къухдарæн фестын кæн, стæй та
йæ фæстæмæ цы уыд, уый фестын кæн.
Кæстæр æфсымæр нымæтын ехс йæ хистæр æфсымæрыл æрхаста æмæ
загъта:
— Сызгъæрин къухдарæн фест!
Хистæр æфсымæр æрттивгæ сызгъæрин къухдарæн фестад. Уый фæс-
тæ та кæстæр æфсымæр нымæтын ехсæй къухдарæн асæрфта æмæ къухда-
рæн зæронд хæйрæг фестад, фыццаг куыд уыд, афтæ.
Хæйрæджыты дзауматæ хуымæтæг не сты, Дзег уый куы базыдта, уæд
йæ зæрдæ фырцинæй скафыд.
— Хъусут уæдæ, — загъта хæйрæджытæн. — Æз ныртæккæ фехсдзынæн
æртæ фаты. Иу фат — хурыскæсæнмæ, дыккаг — хурныгуылæнмæ, æртык-
каг фат та цæгатырдæм фехсдзынæн. Хистæр æфсымæр хурыскæсæныр-
дæм æхст фат æрхæссæд; астæуккаг æфсымæр хурныгуылæнырдæм æхст
фат æрхæссæд; кæстæр æфсымæр та цæгатырдæм æхст фат æрхæссæд.
Фæстæмæ уæ раздæр чи æрхæццæ уа, уый æртæ дзаумайæ равзардзæн,
кæцы йæ хъæуа, уый. Дыккаг чи фæуа, уый иннæ дыууæ дзаумайæ рав-
зардзæн сæ хуыздæры. Æртыккаджы та фæуыдзæн, чи ма дзы баззайа,
уыцы дзаума.
— Хорз нын æрхъуыды кодтай, хæххон дзигло! — бацин кодтой хæй-
рæджытæ. Дзеджы ныхæстæ сæм афтæ раст фæкастысты, æмæ фырцинæй
хъыллистытæ, гæппытæ кæнын байдыдтой.
Дзег та фатдонæй æртæ фаты систа æмæ сæ æртæрдæм фехста: хурыс-
кæсæнмæ, хурныгуылæнмæ æмæ цæгатмæ.
Æмæ æртæ хæйрæджы æртæрдæм атъæбæртт ластой.
Дзег дæр ма цæмæ æнхъæлмæ кастаид! Æрфæнмæ азгъордта, нымæ-
тын ехсæй йæ æрцавта æмæ загъта:
— Сызгъæрин къухдарæн фест!
Æрфæн дæр куыннæ фестадаид сызгьæрин къухдарæн? Фестади, уæдæ цы!
Æмæ йæ Дзеджы фырт йе ’нгуылдзыл бакодта, худы зæронд йæ сæрыл æркод-
та, дзæбидырдзармыл æрбадт æмæ загъта:
— Хуры хæдзары цы фестон!
Уыйадыл дзæбидыры царм арвмæ фæцыди, тархъæды æнусон бæлæстæй
бæрзонддæр, хæхтæй дæр бæрзонддæр æмæ Хуры хæдзармæ йæ ных сарæзта.
ас фæтахти Дзег дзæбидырдзармыл, чи йын цы
зоны! Фæлæ уалынмæ æврæгъты сæрмæ ауыдта бæрзонд хох, сыгъдæг
сызгъæринæй уыди уыцы хох; йæ тæккæ цъуппыл цæхæртæ калдта Хуры
сызгъæрин хæдзар.
Дзæбидыры царм сындæггай йæхи æруагъта Хуры хæдзары фарсмæ.
Дзег рахызт цармæй, нымæтын ехсæй йæ æркъуырдта, зæлдаг кæл-
мæрзæн æй фестын кодта æмæ йæ бафснайдта йæ дзыппы; нымæтын
ехс та йæ роны æртъыста. Уый фæстæ Дзег æркодта худы зæронд æмæ
хæдзармæ бараст. Цы уатмæ бахызт, уымæн йæ къултæ уыдысты сыгъ-
дæг сызгъæринæй, йæ зæхх — æргъæу, йæ цар та æрттывта сæууон стъа-
лыйау.
Бацыд Дзег дыккаг уатмæ. Кæсы, æмæ Хуры сызгъæриндзыкку æртæ
3 Дзеджы фырт Дзег
чызджы бадынц рæсугъд къæлæтджынтыл æмæ тыхулæфт кæнынц: зæх-
хæй уæд схæццæ сты æмæ сæ фæллад уагътой.
Дуары къæсæрæй бирæ фæкасти Дзег æртæ хомæ, тынгдæр та — хотæн
сæ кæстæрмæ.
Фæстагмæ Дзег йæ худ систа, нымæтын ехс ыл ахаста, бæлоны айк æй
фестын кодта æмæ йæ бафснайдта йæ дзыппы.
Хотæ Дзеджы куы ауыдтой, уæд фырцинæй худын байдыдтой, стæй сæ
худын кæуынмæ раивтой. Цин кæнынц хотæ, тынгдæр та — сæ кæстæр, рæ-
сугъд Зæринæ. Хорз зыдта Зæринæ, Дзеджы фырт сæ хæдзармæ йæ фæдыл кæй
ссыди, уый.
— Алæбон æгас нæм цу, æхсарджын Дзег! — загътой хотæ. Æмæ та фырци-
нæй худын æмæ кæуын райдыдтой. Ныккæуынц хотæ, æмæ арв мигътæй æр-
бахгæны æмæ уарын байдайы. Ныххудынц хотæ, æмæ арв ныррухс вæййы,
сызгъæрин тынтæ зæххыл æрпырх вæййынц.
Уыцы рæстæджы Хуры ус æвзист Мæймæ уазæгуаты уыди. Кæсы æвзист
хæдзары рудзынгæй, æмæ мигътæ куы арв æрбахгæнынц, куы та фæстæмæ
апырх вæййынц. Мæты бацыди Хуры ус, мæ чызджытæ куы кæугæ, куы худгæ
цæмæн кæнынц, зæгъгæ.
Цæстыфæныкъуылдмæ ус йæ хæдзармæ æрбазгъордта, йæ чызджытæ худ-
гæ-кæугæ цæмæн кæнынц, уый куы бамбæрста, уæд йæхи зæрдæ дæр ныррухс
æмæ семæ цин кæнын байдыдта.
Хуры ус Дзеджы суазæг кодта, стæй йæ æргъæу чырыны бамбæхста, йæ
лæг куы æрбаздæха, уæд æй куыннæ басудза, афтæ.
алынмæ æризæр æмæ Хур йæ хæдзармæ æрбахæццæ. Йæ
къултæ сызгъæрин кæмæн уыдысты, йæ зæхх — æргъæу, йæ цар та сæууон
стъалыйау цы уатæн æрттывта, уырдæм бахызти Хурты Хурзæрин.
— О-о-о! Лæджы тæф мæ фындзыл уайы, не ’фсин. Ардæм ссæуыны ныфс
кæмæ разынди, уыцы сæлхæр чи у, цымæ? Куъщ æй басудзон, уый йæ фæнды?
— Лæгæн нæм йæ кой дæр нæй, — дзуапп ын радта ус. — Уый дæхæдæг алы
бæстæты сæрты хаттæ æмæ демæ лæджы тæф æрхастай.
Смæсты ис Хур:
— Раст нæ дзурыс, усай! Нæлгоймаг ис нæ хæдзары. Сдзурæд, кæннод ын
фыддæр уыдзæн!
Мад æмæ чызджытæ бирæ фæцархайдтой Хуры басабыр кæныныл, фæлæ
уæддæр Дзеджы ссыд нæ басусæг. Æмæ йын хъуыддаг сæрæй бынмæ радзырдтой.
Уæд Хур иннæ уатмæ ацыд æмæ уырдыгæй дзуры:
— Ма тæрс, лæппу, æз мæ уазæджы нæ басудздзынæн, уæлдайдæр та зæ-
ронд цуанон Дзеджы фырты.
— Дæ цæсгомæй рухс макуы схицæн уæд! — бацин кодта Дзег.
— Цы хъуыддаджы фæдыл нæм сæмбæлдтæ? — фæрсы йæ Хур.
— Зæгъдзынæн æй, æрмæст дæуæн нæ, фæлæ дæ астæуккаг чызгæн: мæхи-
цæн демæ ныхас кæнын не ’мбæлы.
Цы базонын хъуыди Хурæн, усгур кæй у йæ уазæг, уый.
Дзег Хуры астæуккаг чызгæн сабырæй дзуры:
— Дæ фыдæн зæгъ, æмæ мын Зæринæйы раттæд. Мæ къæйныхдзинад мын
бахатыр кæнæд, зæронд мад æмæ мын зæронд фыд йеддæмæ ницы ис, кæй
йæм баминæвар кæнон, уый дæр мын нæй.
Астæуккаг чызг Дзеджы ныхæстæ йæ фыдæн рафæзмыдта, æфтаугæ дæр
сыл ницы бакодта, æппаргæ дæр сæ ницы акодта, афтæмæй.
Æмæ Хур ахæм дзуапп радта Дзегæн:
— Зын хъуьщдаджы бацыдтæ, сау зæххы хъæбул. Æхсарджын лæппу кæй
дæ, уый бæрæг у, фæлæ иунæг æхсарæй ницы бакæндзынæ. Фæлтау аздæх дæ
мæгуыр хæдзары къуыммæ. Мæ æрвон фæндагыл фæцæйцæугæйæ æз дæ зæ-
ронд фыд æмæ мадмæ арæх фæкæсын. Бадынц, мæгуыртæг, урс хохы рæбын
сæ чысыл хæдзары дуармæ æмæ сæ цæссыгæй сæхи æхсынц, дæумæ æнхъæлмæ
кæсынæй сæ цæстытæ ныуурс сты. Аздæх æмæ сæ барæвдау.
— Хатыр мын фæуæд, нæ фыдæлты æгъдау кæй халын æмæ минæвæртты
бæсты мæхæдæг кæй дзурын демæ, уый, — загъта Дзег. — Мæ зæронд фыд æмæ
мады æз буц фæдардзынæн. Фæлæ сæм иунæгæй куыд аздæхон? Нæ, æз уый мæ
сæрмæ не ’рхæсдзынæн.
— Уæдæ мæм байхъус, — загъта Хур. — Мæ чызджы дæ цæстæй дæр нæ
фендзынæ, цалынмæ мын мæ фосдарæн кæртытæ, мæ бонхæрæнтæ фосæй
æмæ, йæ фыд физонæгæн кæмæн бæззы, ахæм хъæддаг сырдæй нæ байдзаг
кæнай, уæдмæ. Уыцы хъуыддаг дæ къухы куы нæ бафта, уæд-иу дæ къах дæр
мауал æрбавæр ардæм, кæннод дæ фæнык фестын кæндзынæн.
Дзег хъусы Хуры ныхæстæм æмæ хъыпп-сыпп нал хауы йæ дзыхæй.
— Зæринæйы мын сау зæххы æхсарджын фæсивæдæй чысыл нæ куырд-
та, — дзырдта дарддæр Хур. — Мæ сыхæгтæй дæр мын æй бирæтæ агуырдтой:
Мæйы фырт мæм æрбаминæвар кодта, Фисынмæдзæуджыты фырт. Авд хойы
иунæг æфсымæр дæр мæм æрбарвыста. Фæлæ сын нæ радтон мæ чызджы.
Хур иучысыл æнæдзургæйæ алæууыд, стæй та загъта:
— Иу æмæ мæм дыууæ хатты нæ сæрвыста йæ минæвæрттæ дæлдзæхы пад-
дзах Бæлгьуыр дæр. Фæлæ æз уымæн мæ чызджы дæттын? Зæххы хæзнатæ иууыл-
дæр йæхи бакодта. Уæлдзæхæй йæ бæстæм мæгуырты аскъæфы æмæ сæ йæхи-
цæн фыдгуыстыл бафтауы: хæзнатæ йын æмбырд кæнынц. Йæхæдæг йæ галуа-
ны æнцад бады æмæ хæры. Хъахъхъæнынц æй хæйрæджытæ, кæлæнгæнджы-
тæ æмæ дæснытæ. Дæлдзæхы рацæуæнтæ сæхгæдта. Чи йæм бахауа, уымæн
раирвæзæн нал ис. Æз ын мæ чызджы куы нæ радтон, уæд ард бахордта, кæй
йæ аскъæфдзæн, ууыл. Уæдæй нырмæ Бæлгъуыр ме знаг у. Мæнæй тынг тæр-
сы, уымæн æмæ йын æз йæ сау митæ рухс кæнын. Тæрсын, Зæринæйы дын
куы раттон æмæ дын æй Бæлгъуыр куы байса, йæ саудалынг бæстæм æй куы
ахæсса.
Хур йæ ныхас фæцис æмæ схуыссыди. Уый фæстæ схуыссыдысты йæ ус
æмæ йæ чызджытæ дæр. Æрмæст Дзеджы цæстытыл хуыссæг нæ ауад. Æмæ
куъщ бафынæй уыдаид мæгуыр цуаноны фырт? Уый бæрц фос кæм ссардзæн,
ууыл уыдис йæ сагъæс.
* * *
Райсом раджы сызгъæрин Хур йæ боны фæндагыл куы араст, уæд Зæринæ
Дзегæн загъта:
— Дæхи ма хæр, лæппу. Урсзачъе зæронд лæг æмæ сырдты бардуаг Æфсати
дæ фыды лымæнтæ куы сты! Радзур сын дæ маст, дæ хъыг, балæгъстæ сын
кæн, æмæ дын кæд мæ фыды бонхæрæнтæ байдзаг кæныны фаг фос раттик-
кой.
— Мæ цæстырухс, Зæринæ! Мæ цæсгом нæ хъæцы урсзачъе зæрондмæ мæхи
равдисын. Йæ кусартæй йын дыууæ фæрсчы фæндаггагæн амбæхстон æмæ дзы
æххуыс куыд ракурон.
— Ницы кæны, — загъта Зæринæ. — Зæронд лæг дын ныххатыр кæндзæн дæ
рæдыд. Æрмæст фæстиат мауал кæн. Фыццаг-иу зæронд лæгмæ бацу æмæ йын
дæ хъуыдцаг радзур, уый фæстæ иумæ Æфсатимæ ацæут æмæ дзы æххуыс раку-
рут. Цæй, рæствæндаг фæу!
Дзег хæрзбон загъта Хуры ус æмæ йе ’ртæ чызгæн, йæ цыллæ кæлмæрзæн
дзæбидыры царм фестын кодта, худы зæронд йæ сæрыл æркодта, цармыл
æрбадт æмæ сдзырдта:
— Урсзачъе лæджы хæдзары куыд фестон, афтæ!
Æмæ уыцы иу тахт акодта хæхтæ æмæ быдырты, дæттæ æмæ денджызты
сæрты Куырттаты саухъæды ’рдæм, урсзачъе зæронд лæгмæ.
зег уайтагъдцæр ныххæццæ ис йæ фыды æрдхорд урс-
зачъе зæронд лæджы хæдзармæ. Дзæбидырдзарм цыллæ кæлмæрзæн фестын
кодта, худы зæронд бæлоны айк æмæ сæ йæ дзыппы бафснайдта. Йе ’нгуыл-
дзæй сызгъæрин къухдарæн рафтыдта, æвзист бæхбæттæныл æй абаста, ны-
мæтын ехсæй йæ æрцъыкк ласта æмæ къухдарæн Æрфæн фестад.
Зæронд лæгæн тынг æхсызгон уыди Дзеджы фенд. Бацин ыл кодта, кæмы-
ты уыди, цытæ федта, цытæ бавзæрста, уыдæттæй йæ афарста.
Дзег ын йæ хъуыдцæгтæ сæрæй бынмæ радзырдта. Фæстагмæ йын афтæ
зæгъы:
— Курын дæ, æмæ мын баххуыс кæн. Æфсатийæ мын, Хуры цас хъæуы,
уый бæрц фос ракур.
Зæронд лæг рахиз къухæй урсзачъе адаудта, зына-нæзына йæ мидбылты
бахудт æмæ Дзеджы фыртмæ йæ бæзджын урс æрфгуыты бынæй бакасти:
—Фыццаг уал мын дзуапп ратт мæ фарстæн: фысæн хъæдын фæрсчытæ
кæд вæййы?
Дзеджы цæсгом сырх-сырхид афæлдæхти, йæ цæстытæ фырæфсæрмæй
дæлæмæ æруагьта:
— Фæндагмæ дзы дыууæ фæрсчы куы амбæхсай, уæд.
— Æгайтма дæ рæдыдыл басастæ, мæ хур, — бацин кодта зæронд лæг. —
Куыд кæсын, афтæмæй дæ фыдæн фыртæн бæззыс. Цом иумæ Æфсатимæ.
Зæронд лæг æмæ Дзег сæ бæхтыл сбадтысты æмæ тархъæды гакъон-макъон
фæндагыл араст сты сохъхъыр Æфсатимæ.
Цас фæцыдысты, чи зоны, фæлæ иу афон бахæццæ сты Куырттаты саухъæ-
ды астæу сохъхъыр Æфсатийы хæдзармæ.
Дзег бæхæй æргæпп кодта æмæ зæронд лæгæн æгъдынцойыл фæхæцыди,
æмæ уый дæр æрхызт йæ бæхæй.
Цалынмæ Дзег бæхты бæрзонд быруйыл баста, уæдмæ хæдзарæй авд лæп-
пуйæ разгьордтой. Лæппуты фæстæ рацыд Æфсати йæхæдæг дæр. Зæронд лæг
æмæ Дзеджы мидæмæ бакодтой, фæлмæн сырддзæрмттыл сæ æрбадын кодтой,
саджы фыд æмæ сæ хоры кæрдзынæй хорз федтой. Стæй сæ Æфсати фæрсы:
— Мæ зынаргъ уазджытæ, цы хур, цы къæвда уæ æрбахаста махырдæм?
— Зæгъдзыстæм дын æй, мæ зæронд лымæн! — дзуапп ын радта урсзачъе
зæронд лæг æмæ йын Дзеджы хъуыдцæгтæ фæдзырдта.
— Дæ хорзæх нæ уæд, Æфсати, баххуыс кæн ацы лæппуйæн. Ратт ын, Хур
цас агуры, уыйбæрц хæдзары фос æмæ, сæ фыд хæрынæн кæмæн бæззы, ахæм
хъæддаг сырдтæ.
Æфсати æнцад фæхъуыста, стæй афтæ зæгъы:
— Тынг æхсызгон мын у де ’рбацыд, дæ дзыхы ныхас, мæ зондджын сыхаг!
Зæронд Дзеджы фырты æрбацыд дæр мын æхсызгон куыннæ у. Дæ коммæ кæй
нæ бакаст, уый фыццаг хатт дæр базыдтон. «Цæй, бафæлварон æй», — загътон
æз дæр. Æмæ мæн нал фæсайдта. Уымæ гæсгæ йын ме ’ххуыс нæ бахæлæг кæн-
дзынæн. Мæнæ дын, мæ хур, пылыстæг уадындз. Дæ бæхыл сбад æмæ къах-
вæндагыл цæгатырдæм араст у; цу æмæ æппынæдзухæй дæр уас ацы уадындзæй.
Дæ фæдыл ныххал уыдзысты алыхуызон хъæддаг сырды мыггаг æмæ хæдзары
фос. Фосы дзугтæн, хъомы рæгьæуттæн сæ фыййæуттæ цæудзысты сæ разæй.
Ды пылыстæг уадындзæй уас æмæ уас æмæ дæ цыды кой кæн. Æрмæст, хъу-
сыс, иунæг дæр дзы ма амар! Хуры бонхæрæнтæ куы байдзаг уой сырдтæй,
уæд-иу дæ уасын ныууадз, æмæ сæ уæлдæйттæ æрбайсæфдзысты.
Дзег раарфæ кодта урсзачъе зæронд лæгæн æмæ сохъхъыр Æфсатийæн,
пылыстæг уадындз райста, Æрфæнмæ сгæпп кодта æмæ Куырттаты хъæды
гакъон-макъон фæндагыл фæраст ис.
ас фæцыди Дзег тархъæды, чи зоны. Фæлæ иу афон йæ
хызынæй пылыстæг уадындз систа æмæ дзы ныууасыди. Диссаджы зарæг ай-
хъуысти тархъæды сæрмæ. Йæ фæлмæн зæлтæ арф хызтысты зæрдæмæ; æрдз рай-
хъал йæ фынæйæ: саухъæды сæрмæ мигьтæ æрбамбырд сты æмæ зæххыл хъарм
уарын рацыди, кæрдæг йæхи сивæзта, хур æмæ уарыны фæлмæндзинадмæ йæ
чысыл сыфтæ рараст кодта, суанг ма булæмæргьтæ дæр æрыхъуыстой уыцы дис-
саджы уасынмæ. Стæй сæхæдæг дæр уадындзимæ æмзард кæнын байдыдтой.
Куырттаты саухъæд банкъуысти. Æнкъуысгæ та уымæн бакодта, æмæ фо-
сæй æмызмæлд сси.
Дзег хъæдæй цъæх-цъæхид быдырмæ рахызт. Кæсы, æмæ цъæх-цъæхид
быдыры кæрдæг æппындæр нал зыны, — сырдтæ æмæ фосы æнæкæрон ден-
джыз фестади.
Дзег дардцæр йæ цыды кой кæны æмæ пылыстæг уадындзæй уасы. Йæ фæ-
дыл цæуынц хъæддаг сырдтæ, фыййæуттæ сæ фосы дзугтимæ, хъомы рæгъæут-
тæ сæ рæгъаугæстимæ. Уалынмæ фæхæрд кодтой сызгъæрин хохы цъупмæ,
Хуры хæдзары ’рдæм. Дзег сызгъæрин Хуры кæртытæ — бонхæрæнтæ фос æмæ
сырдтæй байдзаг кодта, чи дзы нæ бацыд, уыдон та цæстыфæныкъуылдмæ
цыдæр æрбаисты.
Изæры Хур сæхимæ куы æрбаздæхти æмæ йæ бонхæрæнтæ алы фосæй дза-
гæй куы æрбаййæфта, уæд йæ зæрдæ бахъæлдзæг, Дзегмæ фæдзырдта æмæ
йын афтæ зæгьы:
— Дæ ирæд ахицæн кодтай. Куыд кæсын, афтæмæй мын сиахсæн бæззыс!
Разы дæн дæуæн мæ кæстæр чызг Зæринæйы раттыныл.
Æмæ Хурты Хурзæрин стыр чындзæхсæв скодта. Чындзæхсæвмæ æрба-
хуыдта стъалыты се ’ппæты дæр. Хистæры бынаты Хур йæхæдæг бадти. Йæ дæле
та æвзист Мæй. Уый дæле — Бонвæрнон. Уыдысты дзы Авд хойы дæр, семæ
та — Хъазантемыр. Фисынмæдзæуджытæ бадтысты фынгты фисынтыл, Хъа-
зантемырмæ хæстæг. Æппæты дæле бадти Кæрдæджы стъалы æмæ цъæхгомау
рухсæй æрттывта. Уыдысты дзы иннæ стъалытæ дæр, Хур хорз кæй зоны, фæлæ
адæм зæххæй кæй нæма уынынц, уыдон.
æд амондцжынæй царди Дзег Хуры хæдзары йæ рæсугъд
усимæ, уæддæр æнкъард кæнын байдыдта, мысыд йæ райгуырæн бæстæ, йæ
зæронд фыд æмæ йæ зæронд мады, Дзег æмæ Азауы. Æрфæндыд-иу æй сæ
мæгуыр хæдзары къуымы фестын. Иу бон йæхи нал баурæдта æмæ Зæринæйæн
афтæ зæгъы:
— Афон нын у мæ мад æмæ мæ фыды хæдзармæ аздæхын. Æгъгъæд фæуæд
уæларвы цæрынæн.
Зæринæ йæ лæджы ныхæстæ йæ хотæн æмæ йæ мадæн бамбарын кодта.
Мад та сæ Хурæн радзырдта.
Сызгъæрин Хур фырмæстæй рафыхти.
— Æз мæ чызджы сау зæхмæ нæ ауадздзынæн! Не знаг Бæлгъуыр дæлдзæхы
кæй цæры, стæй Зæринæйы кæй куырдта, уый дæ ферох ис, усай? Уыцы сау
зæрдæ хæйрæг нын нæ сиахсы амардзæн, нæ чызджы та нын дæлдзæхмæ фæ-
хæсдзæн. Зæххыл сæ бахъахъхъæндзынæн, фæлæ зæххы бын Бæлгъуыр мæнæй
тыхджындæр у.
Хуры ныхæстæм Дзег рамæсты.
— Æз мæ райгуырæн бæстæм цæуын, мæ зæронд мад æмæ мæ зæронд фыд-
мæ æмæ мæ ничи бауромдзæн.
Кæуын байдыдтой Хуры ус æмæ йæ чызджытæ. Сæ цæссыгтæ тæдзынц
сызгъæрин хохыл æмæ цæхджын мæсчъы-дæттæй згъорынц зæхмæ.
— Сымах зæхмæ куы ацæуат, уæд нын Бæлгъуыр нæ буц чызджы йæ сау
бæстæм ахæсдзæн, — загъта кæугæйæ Хуры ус. — Уый ард бахордта, Зæринæйы
нæ ныууадздзынæн, зæгъгæ. Фæлтау махмæ лæуу, хуыздæр дын уыдзæн.
— Нæй мын ам баззайæн, — дзуапп ын радта Дзег. — Мæ мæгуыр фыд æмæ
мæ мæгуыр мад мæнмæ æнхъæлмæ кæсынæй куы бафæлладысты, кæуынæй сæ
цæстырухс куы байсыст, уæд æз та ам бадон? Æз Бæлгъуырæй æппындæр ни-
цæмæй тæрсын!
Сæ сиахс коммæ нæ бакæсдзæн, уый куы бамбæрстой мад æмæ хотæ, уæд
бæлццæтты фæндагмæ рæвдз кæнын байдыдтой.
Уæларвон хæдтулгæ уæрдоны æхсæз боны æмæ æхсæз æхсæвы фаг хæринаг
самадтой: æртæ къуыстилы дзаг дон, фараст чыргъæды уæлибæхтæ, тъæпæ-
нæджы дзаг мыд. Уæрдоныл фæлмæндæр æмæ хъармдæры тыххæй рувасдзæрмт-
тæ байтыдтой. Хуры ус загъта:
— Куьщдæр райсом раджы Хур йæ æрвон фæндагыл араст уа, афтæ сымах
дæр сызгъæрин хохы цъуппæй уæларвон хæдтулгæ уæрдоны араст уыдзыстут
зæхмæ. Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы уаргæ кæндзæн. Уый хуымæтæджы уарын
нæ уыдзæн, фæлæ мæ цæссыгтæ æмæ Зæринæйы дыууæ хойы цæссыгтæ уъщзы-
сты. Æртæ боны фæстæ уарын банцайдзæн, уымæн æмæ нæ цæссыгтæ байсыс-
дзысты. Иннæ æртæ боны уæ Хур хъахъхъæндзæн, Бæлгъуыр йæ саудалынг
бæстæйæ рацæуынмæ йæ ныфс куыд нæ бахæсса æмæ, Зæринæйы куыд нæ
аскъæфа, афтæ. Хур уæм комкоммæ ныккæсдзæни. Афтæ сæнтæф уыдзыстут,
æмæ уе ’ртæ къуыстилы дон уайтагъд бануаздзыстут, æмæ фæстагмæ дойныйæ
стыхсдзыстут. Æмæ-иу, Дзег, хæдтулгæ уæрдонæй ма рагæпп кæн, суадонæй
дон æрбадавыны зæрдæйæ, кæннод Бæлгъуыр Зæринæйы аскъæфдзæн.
айсом раджы сызгъæрин Хур йæ æрвон фæндагыл куы
араст и, уæд Дзег æмæ Зæринæ бинонтæн хæрзбон загътой, хæдтулгæ уæрдоны
бабадтысты æмæ Дзеджы райгуырæн бæстæм, зæронд Дзег æмæ зæронд Азауы
хæдзармæ рараст сты.
Ныккуыдта Зæринæйы мад, ныккуыдтой Зæринæйы хотæ. Сæ судзгæ цæс-
сыгтæ ставд æртæхтæй æргæр-гæр кодтой, мæсчъы-дæттæй згъорынц сызгъæ-
рин хохæй дæлæмæ æмæ суадæттæй уайынц зæххыл. Афтæ фæкуыдтой æртæ
боны æмæ æртæ ’хсæвы сæ уарзон Зæринæйыл æмæ се ’хсарджын сиахс Дзе-
джы фыртыл.
Æртæ боны æмæ æртæ ’хсæвы цыдысты арвæй зæхмæ сæ хæдтулгæ уæрдо-
ны Дзег æмæ Зæринæ. Æмæ уыцы æртæ боны æмæ æртæ ’хсæвы уарынæй ни-
куы банцад.
Иннæ æртæ боны сызгъæрин Хур йæ цæхæр цæстæй афтæ тынг касти Дзег
æмæ Зæринæмæ, афтæ æнтæф сын уыд, æмæ се ’ртæ къуыстилы дон иунæг
æртахы онг банозтой.
Уалынмæ бæлццæттæ æрхæццæ сты зæхмæ. Мæнæ Куырттаты саухъæд. Æр-
вон хæдтулгæ уæрдон фезгъоры æрдузтæ æмæ къахвæндæгтыл.
Дзег хъавы хæдтулгæйæ рагæпп кæнынмæ, искуыцæй дон æрбадавыны
тыххæй. Фæлæ йын Зæринæ йæ дысмæ фæлæбурдта.
Хæдтулгæ уæрдон дарддæр тулы æмæ тулы. Кæсы Дзег: хъæды дымæгмæ
хæстæг фæцæуы иу лæппу.
— Уæ, хорз лæппу! — хъæр æм кæны Дзег. — Мæнæ нын ацы кæхцы дон
æрбадав, дойныйæ мæлæм, — æмæ кæхц лæппумæ фехста.
Лæппу кæхц тæхгæ-тæхын рацахста, пыхсмæ бауади, цæстыфæныкъуылд-
мæ хæдтулгæ уæрдон баййæфта æмæ Дзегмæ дзаг кæхц слæвæрдта.
— Æлгъыст фæу дæ донимæ, — фæхъæр ыл кодта Дзег, æмæ кæхц фæсвæн-
дагмæ фехста: кæхцы уаллæттæ, кæлмытæ æмæ хæфсытæ æмызмæлд кодтой.
Хæдтулгæ уæрдон тулы дарддæр, Дзеджы хæдзар та хæстæгæй-хæстæгдæр
кæны.
Фæлæ Зæринæ æмæ Дзег дойныйæн нал фæразынц. Афтæ сфæлмæцыдыс-
ты æмæ, сæхи цы фæкæной, уый нал зонынц. Зæринæ цикъæйау ныффæлурс,
тыхулæфт ма кæны, йæ сæр дæлæмæ æруагъта, æнтæф боны йæ дидинæг куыд
æруадзы, афтæ.
Дзег, ныр агæпп кæнон хæдтулгæйæ, куыд загъта, афтæ та йын Зæринæ
йæ цонгыл фæхæст æмæ ныккуыдта:
— Ам хæдтулгæ уæрдоны иунæгæй баззайыны бæсты амæлын хуыздæр у.
Дзег дæр та бадгæйæ баззад.
Иуцасдæр та куы ауадысты, уæд кæсынц, æмæ хъæдрæбынты иу гыццыл
чызг фæуайы, йе уæхскыл — дурын.
— Гъей, хорз чызг! — ныхъхъæр æм кодта Дзег. — Дон ма нын авæр!
Чызг æрбазгъордта хæдтулгæ уæрдоны размæ æмæ Дзегмæ йæ дурын слæ-
вæрдта. Дзег дурынмæ уыцы иу лæбурд фæласта. Фæлæ йæ мидæг кæд уыди
цъымарайы смаггæнаг дон, сау кæлмытæ дзы æмызмæлд кодтой.
Дзег дурын зæххыл нытътьæпп ласта, æмæ ныппырхытæ ис.
Фæлæ уæдмæ чызг цыдæр æрбаци.
Хæдтулгæ уæрдон та хъæды къахвæндагыл дарддæр араст и, хур тавы фыц-
цагæй тынгдæр, уымæн æмæ йæ цæхæр цæстæй хорз уыны, ныртæккæ хъæды
цы лæппу æмæ чызджы федтой Дзег æмæ Зæринæ, уыдон хуымæтæджы лæппу
æмæ чызг кæй нæ уыдысты, фæлæ дæлдзæхы падцзах Бæлгъуыр барæй фестади
лæппу, стæй та чызг.
Зæринæйæн, мæгуыр, дойныйæ йæ былтæ аскъуыдтæ сты. Нал у Дзегæн
йæ бон йæ хъизæмармæ кæсын. Хæдтулгæ уæрдонæй уыцы иу сæррæтт раласта,
йæ къухы къус, афтæмæй, æмæ донагур пыхсбынмæ йæхи фехста.
Бирæ фенхъæлмæ каст ахæм амалмæ Бæлгъуыр. Хæдтулгæ уæрдонмæ ба-
гæпп кодта, рæсугьд Зæринæмæ фæлæбурдта æмæ йæ дæлдзæхмæ афардæг кодта.
Зæринæйæн ма куыддæртæй бантыст йе ’нгуылдзæй йæ сызгъæрин къухдарæн
феппарын æмæ йæ Дзегæн зæрдылдарынæн хæдтулгæ уæрдоны ныууадзын.
зег уайтагъд фæстæмæ фездæхт уазал доны къусимæ,
фæлæ Зæринæйы хæдтулгæ уæрдоны нал æрбаййæфта.
Цавддурау фæцис мæгуыр цуанон, къус йæ къухтæй æрхауд æмæ афтæмæй
лæугæйæ баззади. Йæ саулагъз рæсугъд цæсгомыл фыццаг æнцъылдтæ уæд
фæзындысты, йæ бæзджын сæрыхъуынтæй фыццаг æвзист хъистæ уæд рарт-
тывтой.
Æппынфæстаг Дзег йæ сæрыл схæцыд, хæдтулгæмæ хæстæгдæр бацыд æмæ
Зæринæйы сызгъæрин къухдарæнмæ фæкомкоммæ.
Къухдарæн систа, йæ галиу къухы астæуккаг æнгуылдзыл æй бакодта æмæ
загъта:
— Мæ мад æмæ мæ фыдæн фыртæн ма райгуырон, цалынмæ Зæринæйы не
ссарон æмæ Бæлгъуырæй мæ маст æмæ адæмы маст нæ райсон, уæдмæ мæхи-
Дзеджы фырт Дзег
цæн рухс куы фенын кæнон. — Йæхæдæг Куырттаты саухъæды гакъон-макъон
къахвæндагыл дарддæр ацыди, хæдтулгæ уæрдон та уым ныууагъта.
Иу афон Дзег бахæццæ иу æрдузмæ. Æрдузы астæу стыр арты алыварс ба-
дынц дыууæ цуаноны æмæ физонджытæ кæнынц.
— Уæ бон хорз уа! — загъта сын Дзег.
— Æгас нæм æрцу! — раарфæ йын кодтой цуанонтæ дæр. — Æрбад нæм,
æмæ дæ физонæгæй хорз фенæм.
Дзег кæрдæгыл æрбадти, фæлæ иу комдзаг дæр йæ хъуыры нæ ауагъта,
иунæг ныхас дæр не схауд йæ дзыхæй.
Цуанæттæ кæрæдзимæ бакастысты æмæ Дзеджы фæрсынц:
— Зæгъ-ма нын, хорз уазæг, чи дæ æмæ дæ фæндаг кæцырдæм у?
Дзеджы фырт цуанæттæн йæ хабæрттæ радзырдта æмæ сæ йæхæдæг дæр
бафарста:
— Сымах та чи стут?
— Мах дæр дæ хуызæн мæгуыртæ стæм, — загътой йын уыдон. — Чысылтæ
ма уыдыстæм, афтæ нын иуцæстон уæйыг нæ фыд æмæ нæ мады амардта,
хæдзарыл арт бандзæрста æмæ нын нæ фос аскъæрдта. Махуæдчысылгæуыдыс-
тæм æмæ кæрты залмы сыфы бын бамбæхстыстæм. Уæйыг куы ацыд, уæд тар-
хъæдмæ алыгъдыстæм. Цардыстæм алы хъæддаг дыргъ æмæ кæрдæгæй. Куы
фæхъомылдæр стæм, уæд хъуаз æрцахстам æмæ йæ дыгътам, уый фæстæ та
сырды фыд хæрын байдыдтам. Афтæмæй ныл ацыди бирæ азтæ, фæлæ цас,
уый нæхæдæг дæр нæ зонæм. Ныр нын де ’рбацыд амонды хос фæуæд.
— Оммен! — загъта Дзег.
Æфсымæртæ бафарстой Дзеджы:
— Дæ ном та куыд хуыйны?
— Дзег.
— Махæн та нæ хистæры Тох хонынц, нæ кæстæры — Æтох. Цæй, æмæ
иумæ бацæрæм, цуан дæр иумæ кæнæм.
- Бацæрæм! - сразы ис Дзег.
— Ды нæ кæстæр æфсымæр фæу, — загътой Тох æмæ Æтох.
Æмæ æртæйæ дæр фыдæлты æгъдаумæ гæсгæ, сæ ныхас бафидар кæныны
тыххæй, кæрдæгæй сæ цæнгтæ фæлыг кодтой, фæйнæ æртæ туджы æртахы
дзæбидыры сыкъайы ныттагътой, схæццæ сæ кодтой донимæ æмæ йæ баноз-
той.
Уый фæстæ æртæйæ дæр рацыдысты, Зæринæ кæм æрбадæлдзæх, уыцы
æрдузмæ. Уым сæхицæн хъæддаг галты цæрмттæй стыр мусонг сарæзтой. Йæ
тæккæ бæстастæу ын къона скодтой, йæ сæрмæ йын рæхыс æрцауыгътой, рæ-
хысыл та — аг. Хуры хæдтулгæ уæрдон дæр мусонгмæ æрбатылдтой.
Ныр сын уыди цуаны цæуæн. Æмæ æргæ æфсымæры афтæ баныхас кодгой:
фыццаг уал цуаны ацæудзысты Æтох æмæ Дзег, хистæр æфсымæр Тох та мусонджы
баззайдзæн, хæринаг скæндзæни æмæ мусонг сырдтæй бахъахъхъæндзæн. Дык-
каг бон цуаны ацæудзысты Тох æмæ Дзег, мусонджы та баззайдзæн Æтох. Æр-
тыккæгæм бон ацæудзысты Тох æмæ Æтох, хæринаг скæнын æмæ мусонг бафс-
найын та Дзеджы бар бакæндзысты.
ыккаг бон æртæ ’фсымæры раджы сыстадысты, уазал
суадоны донæй сæхи цæхсадтой, аходæн бахордтой. Уый фæстæ Æтох æмæ Дзег
цуаны ацыдысты, Тох та мусонджы баззади.
Тох арт скодта æмæ æнæхъæн аджы дзаг сæгуыты фыд сæвæрдта, фæнычы
æртæ кæрдзыны сфыхта æмæ сын хус кæрдæджытæй сæ фæнык асæрфтытæ
кодта.
Куыддæр йæ куыстытæ конд фесты, афтæ мусонджы къуымæй цæйдæр
гуыпп фæцыд, æмæ мусонг фæздæгæй айдзаг.
Кæсы Тох, æмæ мусонджы къуымы зæхх дæлæмæ ныххауд æмæ дзы фев-
зæрди арф хуынкъ. Хуынкъæй сыф-сыфгæнгæ сбырыди зæронд ус. Йæ иу ссыр
дæларвмæ, æмæ дæлдзæхмæ ныххæццæ, йе ’ннæ ссыр та уæларвмæ, æмæ æв-
рæгътæй фæуæлдæр, йæ фындз — хъæрццыгъайы бырынчъы хуызæн, цыргъ
æмæ дæлæмæ къæдз. Йæ урс æрфгуыты бынæй йæ чысыл цæстытæ зынгтау
æрттивынц.
— Афойнадыл мын хæринаг кæй сфыхтай, уымæй хорз бакодтай, — загьта
ус, йæхæдæг йæ мæллæг къухæй æртæ кæрдзынмæ фæлæбурдта æмæ сæ йæ
дзыхы баппæрста, аджы бас дæр æд дзидзатæ уыцы иу калд бакодта дзыхмæ.
— Дæ хæринæгтæ мæ дæндæгтæ асхъауын, мæ хъуыр алæгъз кæныны фаг
дæр нæ уыдысты, хорз лæг! — загъта зæронд ус.
Тох афтæ фæтарсти, æмæ йæ бынаты сызмæлын дæр нал уæндыд, йе ’взаг
комы бандзыг и.
Зæронд ус фæстæмæ хуынчъы ныббырыд æмæ мусонджы къуым фыц-
цаджы хуызæн алæгъз и, цыма дзы æппындæр хуынкъ дæр никуы уыд, уыйау.
«Ныр цы бачындæуа? — хъуыды кæны Тох. — Ацы кæлæнгæнæгæй фæ-
тарстæн, ме ’фсымæртæ уый куы базоной, уæд фæхудинаг дæн».
Фæлæ ма йын цы гæнæн уыд: йæхи срынчын кодта Тох, хисæрфæнæй йæ
сæр стыхта, афтæмæй мусонджы æнкъардæй бады.
Уалынмæ Æтох æмæ Дзег дæр цуанæй æрхæццæ сты, фæйнæ сæрджын
саджы семæ æрхастой.
— Тох, исты нын авæр, сыдæй мæлæм, — дзурынц сæ хистæрмæ.
— Фæрынчын дæн, æмæ æрсдзæрмттыл фæратул-батул кодтон, — загьта
Тох. — Хæринаг скæнын мæ бон нæ баци.
Цы ма загътаиккой фæллад, фæлмæцыд цуанæттæ. Æххормагæй æркъул
кодтой сырддзæрмттыл æмæ уайтагъд тарф фынæй аисты.
Уымæн йæ дыккаг бон мусонджы баззад Æтох, Тох æмæ Дзег та цуаны
ацыдысты.
Æтох аджы дзаг дзæбидыры фыд сфыхта, аст хоры кæрдзыны скодта, ба-
сыл дзæбæх тæфгæнаг кæрдæджытæ ныккодта, æмæ йе ’фсымæрты æрцæуын-
мæ æнхъæлмæ кæсын байдыдта.
Уалынмæ та мусонджы къуымы цæйдæр уынæр ссыди, зæхх дæлæмæ ных-
хауд, æмæ та дзы сбырыд, йæ иу ссыр уæларвмæ кæмæн уыд, йе ’ннæ ссыр та
дæларвмæ, уыцы зæронд ус. Ус йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта, цыргъ фындз
мусонгыл ахаста æмæ Æтохмæ дзуры:
— Исты хæринаг ма мын авæр!
Æтох дзы афтæ фæтарст, æмæ йæ дзых схæлиу кæнын дæр йæ бон нал баци.
Уæд зæронд ус рæхысæй аг райста æмæ йын йæ дзидзатæ æд бас йæ дзыхы
бакалдта, аст хоры кæрдзыны фæд-фæдыл дзыхы баппæрста, цыма хъæдуры
гагатæ уыдысты, уыйау, æмæ та Æтохмæ дзуры:
— Æвгъуаг, мæ дæндæгтæ асхъауыны, мæ хъуыр алæгъз кæныны фаг дæр
нæ уъщысты дæ хæринæгтæ! — æмæ фæстæмæ хуынчъы абырыди.
Мусонджы къуым та фыццаджы хуызæн алæгъз и.
Æтох йæхи куы æрæмбæрста, уæд хъуыды кæны: «Ныр ме ’фсымæртæ цуа-
нæй куы ’рыздæхой, уæд сын цы зæгъдзынæн? Цы цæсгом сæм равдисдзынæн?
Зæронд кæлæнгæнæгæй фæтарстæ, зæгъгæ, мыл нæ худдзысты? Фæлтау мæхи
срынчын кæнон».
Æмæ Æтох дæр йæ сæр хисæрфæнæй стыхта, схуыссыд æмæ йе ’фсымæрты
æрцыдмæ æнхъæлмæ кæсы.
Бирæ æнхъæлмæ кæсын æй нæ бахъуыди, — Дзег æмæ Тох уайтагъд æрхæц-
цæ сты, æрхастой фæйнæ дзæбидыры æмæ фæйнæ сæгуыты. Ахæм фæллад ба-
кодтой, афтæ сæххормаг сты æмæ сæхи цæхсын дæр сæ бон нал уыди.
Цуанæттæ агмæ ныккастысты, æмæ — афтид. Тох фатæй фæнык асхъаудта,
фæлæ дзы — ницы.
Æтох уыдæттæ уыны æмæ та ныхъхъæрзы.
— Фæрынчын дæн, ме ’фсымæртæ, — загъта Æтох, — æмæ мæ бон нæ
кæрдзын скæнын баци, нæ бас сфыцын.
Æфсымæртæ æххормагæй бахуыссыдысты, уæдæ цы уыдаид.
Æртыккаг бон мусонджы радгæсæй баззади Дзег.
Тох æмæ Æтох цуаны куы ацыдысты, уæд Дзег арт скодта, аджы æнæхъæн
сæгуыты мард бафтыдта æмæ йæ рæхысыл æрцауыгъта. Фараст хоры кæрдзыны
ракодта, тæвд фæнычы сæ афыхта, сæ фæнык сын афу кодта, хус кæрдæджы
гуцъулайæ сæ асæрфта æмæ сæ къæйыл кæрæдзийы сæрыл ацамадта. Мусонг
афснайдта æмæ йæ хистæр æфсымæртæм æнхъæлмæ кæсын байдыдта.
Æвиппайды та мусонджы къуым дæлæмæ ныххауди, æмæ дзы сбырыди
ссырджын зæронд ус.
Йæ цæстытæ сдзагъултæ кодта, Дзегмæ бакасти æмæ загъта:
— Хорз лæппу, дæ сæгуыты фыд æмæ мын дæ басæй куы авæрис!
— Ныртæккæ дæ æз хорз фендзынæн. Æгайтма мæ конд хæринагыл æрвæс-
сыс.
Дзег фестади, зæронд усы раз æртæ кæрдзыны, сæгуытæн йæ раст æмбис
æмæ иу стыр кæхцыдзаг бас авæрдта:
— Фен нын нæ цæхх, нæ кæрдзын.
Зæронд ус сæгуыты ’рдæг æмæ æртæ кæрдзыны йæ дзыхы баппæрста, цыма
стыр кæрдзынтæ нæ уыдысты, фæлæ мæнæуы гагатæ, уыйау, бас уыцы иу
хуыпп скодта.
— Цы сты адон мæнæн, æгæр-мæгуыр сæ мæ хъуыр дæр нæ алæгъз кодтон,
ме ссыртæ сæ нæ асхъаудтон! — сбустæ кодта Дзегыл.
— Æз ма дын ноджыдæр ратдзынæн, уыйас дæр хæр, — загъта Дзег æмæ та
йын йæ разы сæгуыты фыд, кæрдзын æмæ бас æрæвæрдта.
Ссырджын зæронд ус фынг иуварс асхуыста æмæ Дзегыл хъæртæ кæны:
— Мæн дæ дзæбидыры фыд æппындæр ницæмæн хъæуы, иннæ ахæм дæ
кæрдзын! Цæй уазæг дæн æз дæуæн! Ды ме ’фсымæр Бæлгьуыры фесафыны
тыххæй ард бахордтай, фæлæ ма ныртæккæ дæхимæ фæкæс! Æз дæ ныр æртæ
боны куы агурын, — æмæ йæ мæллæг къухтæ Дзегмæ бадаргъ кодта, акъабæзтæ
йæ кæнон, зæгъгæ.
Дзег æхсидав фелвæста æмæ дзы зæронд усы къух æркъуырдта. Ус, йæ марг
сæт калгæ, Дзеджы цонгмæ фæлæбурдта æмæ дзы ныр ме ссыртæ ныссадзон
куыд загъта, афтæ Дзег дæр йæ фыды цирхъ фелвæста æмæ усы лыстæг къуых-
тæ акодта.
Мусонджы къуымы цы хуынкъ уыд, уый афтæ гомæй баззади.
Дзег даргъ бандоныл æрбадт æмæ йæ хид асæрфта. Уалынмæ Тох æмæ
Æтох дæр æрхæццæ сты. Фырæххормаг æмæ фæлладæй ма сæ къæхтæ сæ фæдыл
тыххæй ласынц.
— Ныр æй бамбæрстон, цæмæн фæрынчынтæ стут, уый, — дзуры сæм
Дзег.
Цы хъуамæ загътаиккой Тох æмæ Æтох? Сæ сæртæ дæлæмæ æруагътой. Дзег
сæ кæй амбылдта, уый сын тынг хъыг уыди æмæ уыцы хæрам арф бамбæхстой
сæ зæрдæты.
Дзег йæ кæнгæ ’фсымæрты бас æмæ сæгуыты фыдæй хорз федта, уазал
суар сын æрбадавта æмæ сын лыстæнтæ бакодта, йæхæдæг та ноджыдæр суар-
мæ ацыди, æхсæвы сæ искæмæ нуазын куы ’рцæуа, зæгъгæ.
Куыддæр Дзег мусонгæй ахызт, афтæ Тох йæ къæхты бынæй ныуулæфыд:
— Ацы лæппу нæ фæхудинаг кодта, Æтох. Æвæццæгæн, æмæ нæ фæндаг иу
налу.
— Раст зæгьыс, Тох, фæхудинаг стæм, — дзуапп радта Æтох. — Адæмы
’хсæнмæ нын ацæуæн нал ис. Исты йын æрхъуъщы кæнын хъæуы.
— Куы ’рбаздæха æмæ куы бафынæй уа, уæд æй амарæм, — загъта Тох.
Тох æмæ Æтох сæ ныхас сиу кодтой æмæ схуыссыдысты, сæхи фынæй
скодгой.
Дзег дыууæ лалымы дзаг суар æрбахаста, йæ алыварсмæ акаст æмæ мусонг
æфснайынмæ бавнæлдта: зæронд усы мард æддæмæ раппæрста, зæхх бæрз
уисойæ рамарзта, фæттæ сцыргъ кодта, сæгуытдзармæй хуыйæндæгтæ рауагъ-
та æмæ æрчъиты хуыдыхæлттæ бахуыдта. Уый фæстæ арт скодта, саджы фыд
уæларт бавæрдта æмæ кæрдзынтæ ракодта.
Уæдмæ Куырттаты саухъæды сæрмæ сзынди Бонвæрнон. Хур хæхты тигьтæ
сызгъæрин доны атылдта, тархъæд райхъал æмæ байдзаг цъиуты уасынæй,
сырдты уынæрæй.
Дзег райхъал кодта Тох æмæ Æтохы:
— Сыстут уæлæмæ, афон у цуаны цæуынмæ.
Цæмæй зыдта æхсарджын Дзег, йæ кæнгæ ’фсымæртæ Тох æмæ Æтох фы-
нæй кæй нæ уыдысты, фæлæ æрсдзæрмтты бын кæй ныхъхъус сты йæ амарын
æввонг, уый.
ох æмæ Æтох сæ хуыссæнтæй фестадысты, уазал суадо-
ны донæй сæхи ахсадтой æмæ хæрыныл æрбадтысты.
Бадынц æфсымæртæ фынджы уæлхъус æмæ хæрынц. Æвиппайды сæ хъус-
тыл ауади сылгоймаджы кæуын.
— Кæцæй цæуы, цымæ? — фæдис кодтой æфсымæртæ, мусонджы къуым-
мæ бауадысты æмæ хуынкъмæ ныккастысты. Хуынкъæй ницы зынди, æрмæст
дзы хъуысти кæуын, дзыназын.
— Цæй кæуын у, уый куы нæ базонон, уæд нæ ныууадздзынæн, — загъта
Дзег.
— Сбæрæг кæнын æй хъæуы, — сразы сты Тох æмæ Æтох дæр.
— Цæйут, æмæ сырддзæрмттæй уадздзæгтæ рауадзæм, бæндæн сæ сбийæм,
искæй дзы бабæттæм æмæ йæ хуынкъмæ ауадзæм.
Даргъ бæндæн сбыдтой æмæ, фыццаг кæй ауадзой дæлæмæ, ууыл тæрхæт-
тæ кæнын байдыдтой.
— Уе ’ппæты кæстæр æз дæн: фыццаг уал мæн ауадзут, — зæгъы сын Дзег.
— Фыццаг уал нæ хистæры ауадзæм, уый фæстæ мæн, дæу та æппæты
фæстæ ауадздзыстæм, — загъта Æтох.
— Цæй, афтæ дæр фæуæд, — сразы ис Дзег.
Тохы бæндæнæй фидар сбæстытæ кодтой æмæ йæ хуынчъы ауагътой. Фæлæ
йæ астæумæ хæццæ дæр нæма ныцци, афтæ хъæр кæнын байдыдта:
— Тагъддæр мæ фæстæмæ сласут ацы фыдбылызы ранæй!
Æфсымæртæ Тохы сластой, уæдæ цы уыдаид! Уый фæстæ сау хуынчъы
ауагътой астæуккаг æфсымæр Æтохы, фæлæ та уый дæр йæ хъæлæсы дзаг хъæр
кæнын байдыдта:
— Тагъддæр, тагъддæр мæ сласут ацы æлгъыст ранæй!
Æмæ та уый дæр сластой. Æрцыди Дзеджы рад. Уый райста йæ фыды
уæззау цирхъ, йæ хъæддых æрдын æд фæттæ æмæ йæ кæнгæ ’фсымæртæн
бафæдзæхста:
— Куы ныхъхъæр кæнон, уæд мæ-иу ноджы бындæр ауадзут.
— Ауадздзыстæм, ауадздзыстæм, — зæрдæ йын бавæрдтой Тох æмæ Æтох.
Уыдоны æндæр хуыздæр цы хъуыди!
Тох æмæ Æтох Дзеджы бæндæнæй сбастой æмæ йæ хуынчъы ауагътой. Дзег
сæм хъæр кæны:
— Бындæр мæ ауадзут. Тагъддæр!
Тох æмæ Æтох Дзеджы бындæр ауагътой. Сæ къухты цыргъ кæрдтæ, хъуамæ
æрбалыг кæной бæндæн, Дзег дæле куыд баззайа, афтæ. Фæлæ Дзег йæ баст
райхæлдта æмæ бынмæ ныггæпп кодта.
Зæххы бын уыди талынг, фæлæ хорз цуаноны цæст æхсæв дæр боны хуы-
зæн уыны, стæй сырды фæд дурыл дæр равзардзæн.
Æмæ Дзег араст уыцы саудалынджы. Цæуы, цæуы æмæ бахæццæ иу стыр
хæдзармæ. Йæ къултæ лæгъз дуртæй амад, йæ рудзгуытæ цæхæртæ калынц,
йæ дуæрттæ та æфсæйнаг æмæ æрхуыйæ конд. Бацыди лæппу мидæмæ. Хæдза-
рæн йæ зæхх — æвзистæй астæрд, йæ цар та — сызгъæринæй. Кæдæмдæридцæр
акæсы Дзег, алы ран дæр алыхуызон хæзнатæ кæритæй лæууынц; афтæ бирæ
сты, æмæ сын банымайæн дæр нæй. Цъæх рухс хъазы къултыл æмæ зынаргъ
дуртыл.
Дзег бахызт иннæ уатмæ. Уыцы уаты къултæ та, сæумæрайсом уыгæрдæны
æртæх куыд æрттива, афтæ æрттивынц.
Бацыди Дзег æртыккаг уатмæ. Кæсы, æмæ дзы æртæ чызджы сызгъæрин
къæлæтджын бандæттыл бадынц, хæкъуырццæй кæуынц.
— Уæ бонтæ хорз, мæ хотæ! — загъта лæппу.
Фæлæ чызджытæй хъыпп-сыпп ничи скодта.
— Цæуыл кæут? — бафарста сæ Дзег.
Се ’ппæты кæстæр хо йын дзуапп радта:
— Дæ амонд уыд, уазæг, æмæ нæм «мæ хотæ», зæгъгæ, сдзырдтай. Кæннод
дæ рацахстаиккам æмæ дæ нæ мады ’фсымæр Бæлгъуырмæ балæууын кодтаик-
кам. Уый дын дæ туджы æмбис сцъырдтаид, уый фæстæ дæ йæхицæн фæкусын
кодтаид, де ’мбæстæгты куыд кусын кæны, афтæ. Тæригъæд дын кæнæм, æмæ
уал ын дæ кой не скæндзыстæм. Нæ куъщы сæр та ууыл у, æмæ нын Хурджын
бæстæйы чидæр нæ мады амардта.
— Æмæ уæ мад уæлдзæхы адæмæн фыдмитæ цæмæн кодта? — фæрсы
сæ Дзег.
— Мах ын æдзухдæр дзырдтам: Хурджын бæстæмæ ма цу æмæ йын йæ
цæрджыты ма ’фхæр, кæннод дæ исчи амардзæн. Фæлæ нæм нæ байхъуыста.
Ныр ныл нæ сау бæстæйы нæ дуне ноджыдæр нытталынгдæр.
— Æмæ уæд афтæмæй ам цæмæн цæрут? — бафарста та Дзег.
— Уæдæ цы фæуæм, хæххон лæг? — загъта кæстæр хо. — Ацы хæдзар
нæ хæдзар у, нæ бæстæ та Бæлгъуыры бæстæ у, æмæ нæ уый ардыгæй
уадзы?
— Уæдæ æз дæлдзæхмæ æрхаудтæн, Бæлгъуыры бæстæм? — ныццин кодта
Дзег.
— О, дæлдзæхмæ, Бæлгъуыры бæстæм. Фæлæ дæ цины сæр цæуыл у?
— Куыннæ цин кæнон. Æз афтæ фехъуыстон, Бæлгъуыр, дам, адæмæн цар-
ды хос чи у, уыцы хæзнатæ зæххы бын бамбæхста, æмæ сæ ныр мæхи цæстæй
фендзынæн.
— Раст дын дзырдтой, уазæг, ам цы хæзнатæ ис, уыдонæн кæрон нæй.
Фæлæ уыдон арф æмбæхст сты. Уæлдзæхмæ сын ахæссæн уыд, нæ мад кæй
хъахъхъæдта, æрмæст уыцы хуынкъыл, — загъта чызг.
— Æмæ уæд цæргæ та кæм кæны уæ паддзах? Кæм сты йæ хæзнатæ?
Чызг йæ къухтæ кæрæдзийыл ныццавта æмæ иннæ уатæй иу сатæгсау
лæппу рагæпп кодта, фыргуыстæй йæ царм йе стджытыл кæмæн бахус,
ахæм.
— Нæ мады ’фсымæр нæма зоны, уæлдзæхæй нæм хæххон лæг æрæфтыд,
уый. Æмæ уал уазæгæн нæ паддзахы хæзнатæ фенын кæн, уый фæстæ та йæ
Бæлгъуыры галуантæм акæн. Æрмæст, хъусыс, уазæджы кой макæмæн скæнай!
— бафæдзæхста йын чызг.
Сау мæллæг чъегьре Дзеджы къухыл ныххæцыди æмæ йæ уырдыгæй акодта.
Фæцæуынц иу сау доны былтыл Дзеджы фырт æмæ йæ сау чъегъре.
— Цæй фæдыл æрæфтыдтæ ацы æнамонд бæстæм, хорз лæппу? — бафарста
сау чъегъре. — Чи дæ æмæ ам цы агурыс?
Дзег йæ сау чъегърейæн сæрæй-бынмæ фæдзырдта йæ хабæрттæ.
Ныццин кодта сау чъегъре, йе ’нкъард цæстытæ хъæлдзæг æрттывд скод-
той, зæрдиаг арфæтæ фæкодта Дзегæн.
Уæд æй Дзег дæр бафарста:
— Ды та куыд æрæфтыдтæ ардæм, хорз лæг? Стæй чи дæ æмæ кæм цардтæ?
— Æз дæр, дæ хуызæн, кæддæр мæ дыууæ æфсымæримæ Хурджын бæс-
тæйы цардтæн. Нæ хистæр æфсымæр цуанон уыди, астæуккаг æфсымæр хорз
арæхст хæсгард æмæ судзинæй, æз та уыдтæн зæрингуырд. Уыди нæм цып-
пар хæзнайы: дзæбидыры царм, нымæтын ехс, худы зæронд æмæ сызгъæ-
рин чырын. Дзæбидыры цармыл-иу куы абадтаис, уæд дæ уайтагъд, кæдæм
загътаис, уырдæм бахæццæ кодтаид. Худы зæронд æркæн, уæд дæ уынгæ
дæр ничиуал фæкодтаид, нымæтын ехсæй та исты куы æрцавтаис, уæд цæ-
стыфæныкъуылдмæ, цы дæ бафæндыдаид, уый фестадаид. Сызгъæрин чы-
рын та мардæгасгæнæг уыд: мард дзы куы цæвæрдтаис, уæд фæстæмæ рай-
гас уыдаид.
Фыд-зæрдæ Бæлгъуыр нын нæ хæзнатæ байста, нæ хæдзар нын басыгъта,
йæ фæнык та йын дымгæмæ ныддардта. Нæхи нын ацы сау бæстæм æрхаста.
Æмæ фыргуыстæй фыццаг нæ хистæр æфсымæр амарди, уый фæстæ нæ ас-
тæуккаг æфсымæр. Бæлгъуыр дзæбидыры царм, худы зæронд æмæ нымæтын
ехс йæ хистæр æфсымæрæн радта, сызгъæрин чырын та йæхицæн ныууагъта.
Ныр Бæлгъуыры хистæр æфсымæр амард æмæ нæ хæзнатæ йе ’ртæ фыртæн
баззадысты.
— Уыцы хæзнатæ хæйрæджытæм нал сты, фæлæ — мæнмæ, — загьта Дзег.
Ноджы тынгдæр сæрттывтой сау чъегърейы цæстытæ, йæ цинæн кæрон
нал уъщи. Зæрдиаг арфæтæ фæкодта æхсарджын Дзегæн, стæй йæ акодта сау
цæугæдоны былтыл уæлæмæ.
Кæсы Дзег, æмæ мæллæг, фæлмæцыд адæм сæ хид калгæ, доны бынæй
урс æрттиваг зынаргъ дуртæ исынц æмæ дзы æнæхъæн кæритæ амайынц. Ин-
нæтæ æхсынц сызгъæринджын змис æмæ дзы цы сызгъæрин равзæры, уый
дæр æнæхъæн хæхтæй æмбырд кæнынц. Бæстæ хъæр æмæ ахст, дзолгъо-мол-
гьо, къуырцц-къуырцц æмæ хъыррыстæй байдзаг. Зынаргъ дуртæ æмæ дзы æндæр
алыхуызон хæзнатæ афтæ бирæ уыди, æмæ Дзег йæхинымæр ахъуыды кодта:
«Диссæгтæ! Цымæ ацы сау бæстæйы уыйбæрц хæзнатæ кæцæй æрæмбырд ис?
Адæм сæ ныры онг цæуылнæ зонынц?»
Бирæ фæлæууыд Дзег уыцы ран, бирæ фæкаст æфхæрд, куыствæллад мæл-
лæг адæммæ, æмæ та дарддæр араст сты. Сау чъегъре цæуы Дзеджы разæй æмæ
йын æвдисы сызгьæрин хæхтæ, æвзист æмæ алмасийы хæхтæ.
— Гъæй-джиди, ныр Бæлгьуыры амар æмæ ацы хæзнатæн хуры рухс фе-
нын кæн, — зæрдиагæй загъта сау чъегъре. — Уæд зæххыл мæгуыртæ нал уаид.
Бæлгъуыры æнæкæрон хæзнатæ адæмы бауиккой.
Чъегъре иучысыл æнæдзургæйæ алæууыд, стæй Дзегæн загъта:
— Дæ размæ ис дыууæ фæндаджы. Иу фæндаг — уæлдзæхмæ, боны рухсмæ,
хур цæхæртæ кæм калы æмæ, кæдцæр æз дæр кæм цардтæн, уырдæм. Уый æн-
цон фæндаг у, лæмæгъты фæндаг. Иннæ фæндаг та — Бæлгъуыримæ тох кæны-
ны фæндаг — уый уæззау фæндаг у, мах фæндаг. Гъемæ фæстæмæ уæхимæ здæ-
хыс æви Бæлгъуыры ныхмæ слæудзынæ?
Дзег сау чъегърейы къух райста æмæ йын æй тыхджын цæлхъывта.
— Дзырд дын дæттын, æфсымæр, нæхимæ кæй нæ аздæхдзынæн, уый тых-
хæй, æз хъуамæ сымахимæ уон. Фæлæ ма мын зæгъ, Бæлгъуыр кæм цæры æмæ
йын амарæн куыд ис?
— Йæ амарын æнцон хъуъщдаг нæу. Цæргæ ардыгæй дард кæны, сау сойы
фурд кæм гуыры, раст уыцы ран. Æрмæст дæ рох ма уæд: уыцы тугцъирæн
иунæгæй ницы бакæндзынæ. Йæхицæн уацайраг кæй скодта, хæзнатæ йын чи
æмбырд кæны, æрмæст уыцы адæмы æххуысæй басæтдзынæ Бæлгъуыры.
æцæуынц Дзег æмæ йæ чъегъре сау фурды былтыл.
Сæ алыфарс быдыртæ, саухъæдтæ, сау-сауид хæхтæ. Уынынц сау суадæттæ
æмæ сау цадтæ. Сау та уымæн сты, æмæ сæ дон нæй, фæлæ зæххы сау-сауид
сой.
Хур дæр сæм арвæй кæсы, фæлæ, уæлдзæхы хурау, сызгъæрин нæу а
бæстæйы хур. Дæлдзæхы хур цъæх у, йæ рухс дæр цъæх. Хур кæсгæ кæны, йæ
цъæх рухс дæр тауы, фæлæ æндавгæ нæ кæны æппындæр.
Фурдæн йæ фæрсты стыр хæхтæ арвмæ фæцыдысты, хæхтæн сæ иутæ
митау урс сты, иннæтæ — æвзалыйау сау. Ис дзы бур хæхтæ, сырх хæхтæ,
кæрдæгхуыз хæхтæ дæр.
Дзег базылд иу хохы фахсмæ. Кæсы, æмæ æнæхъæнæй дæр кæд у дурæв-
залы. Араст сты Дзегитæ дарддæр, æмæ та мæнæ сæ размæ февзæрд æндæр
хох. Уый уыди здыйы хох. Уый фæстæ федтой æрхуыйы æмæ æфсæйнаджы хæхтæ.
Цæуынц Дзег æмæ йæ чъегъре, фæлæ уыцы диссаджы хæхтæн кæрон нæй.
Цъæх хур сау арвыл куы фæкъул, уæд Дзег йæ сау чъегьреимæ иу хъæумæ
бахæццæ. Фæлæ хъæуы мидæг змæлæг нæй. Æрмæст хъæугæрон иу сау хæдзары,
дурæвзалыйы фæзгьæртæй кæй самадæуыд, ахæмы баййæфтой иунæг зæронд
лæджы.
— Уæ, æгас нæм æрцæуай, Хурджын бæстæйы цæрæг! — бацин кодта зæ-
ронд лæг.
— Цард дын бацайдагъ уæд, хорз лæг! — дзуапп ын радта Дзег.
— Ацы талынг, мæгуыр бæстæм дæ цы фыдбылызы къах æрхаста? —
бафарста зæронд лæг.
— Мæгуыр хъæлæкк нæу уæ бæстæ, — загъта Дзег. — Уæ хæзнатæн кæрон
куы нæ ис.
Арф ныуулæфыди зæронд лæг.
— Раст у дæ ныхас, хорз лæппу. Фæлæ ацы бæстæ кæд хъæздыг у, уæддæр дзы
амондджынæй Бæлгьуыр æмæ йæ хæйрæджыты йеддæмæ ничи цæры. Стæй уыцы
хæзнатæ мах куы уаиккой, уæддæр цы пайда сты, ацы сау бæстæйæ нын ацæуæн куы
нæ ис, уæд! Уæлдзæхмæ ссæуæн хуынкъ Бæлгьуырæн йæхи хо хъахъхъæны, ссыр-
джын фыд-зæрдæ ус. Фæлæ, мæ хур, ды чи дæ æмæ дæ фæндаг кæцырдæм дарыс?
Чъегьре йын сæрæй-бынмæ Дзеджы хъуыддæгтæ радзырдта.
Бæлгьуыры ссырджын хо мард у, уый зæронд лæг куы базыдта, уæд йæ ци-
нæн кæрон нал уыди.
— Дæ хъару фылдæр кæнæд, сахъ гуырд, рæствæндаг у кæддæриддæр. Ныр уал
исты ахæрут, уæ фæллад суадзут: райсом хъуьщдæгтæ сæхæдæг сæхи амондзысты.
Афтæ загъта зæронд лæг æмæ уазджыты хорз федта, стæй сæ къæйтыл
схуыссын кодта.
айсомæй раджы зæронд лæг йæ уазджытæм дзуры:
— Тынг зын хъуыддаг райстат уæхимæ, мæ хуртæ, уæ фæндаг хуымæтæг нæу,
— уый у амонды фæндаг. Ацæут сау фурды былтыл уæлæмæ, сихорафон схæццæ
уыдзыстут Бæлгъуыры мæнæугардджьггæм, уый фæстæ — йæ хосгæрдджытæм,
стæй та — ссивджытæм. Дарддæр цы кæнын хъæуа, уый уын уым бацамондзысты.
— Хорзæй уал баззай, — загътой зæронд лæгæн Дзег æмæ йæ чъегъре æмæ
сæ фæндаг адардтой.
Фæцæуынц сау фурды былтыл æмæ схæццæ сты иу стыр хуыммæ. Хуымы,
йæ алы гага дæр æхсинæджы айчы йас кæмæн уыд, ахæм мæнæу конд. Мæнæу-
гæрдджытæ иууылдæр — къæсхуыр, фыргуыстæй ныггуыбыргæ сты; сæ куыст-
æфхæрд къухты — стыр æхсырфытæ, мæнæу кæрдынц æмæ куы кæуын байда-
йынц, куы та сын æнæнхъæлæджы худын бацайдагъ вæййы.
— Уæ бон хорз! — загътой сын Дзег æмæ сау чъегъре.
—Сымах бон дæр хорз уæд! — дзуапп сын радтой мæнæугæрдджытæ.
— Зæгъут-ма, цæмæн афтæ у: куы кæугæ кæнут, куы та æвиппайды
худын байдайут? — бафарста сæ Дзег.
— Мæнæу карст куы фæуæм, уæд æй хъуамæ æрыссæм æмæ дзы скæ-
нæм хохы йас дзул. Дзулы хуылфы хъуамæ бавæрæм ацы фæсивæдæй авд
лæппуйы æмæ иу чызджы. Уый фæстæ æрбацæудзæн хæйрæджыты паддза-
хы нæл хуы æмæ дзул дыууæ комдзагæн аныхъуырдзæн. Гъе, нæ куыды
сæр ууыл у, хорз лæппу. Худгæ та ууыл скæнæм, æмæ, дам, уæлдзæхæй иу
сахъгуырд Бæлгъуыры ссырджын хойы амардта æмæ ацы сау бæстæйæ Хур-
джын бæстæм фæндаг байгом кодта. Æмæ уый нæ зæрдыл куы ’рбалæууы,
уæд та фырцинæй ныххудæм.
Уæд сау чъегъре загъта:
— Мæнæ ацы лæппу амардта Бæлгъуыры ссырджын хойы. Йæ ном
хуыйны Дзег.
Мæнæугæрдджытæ уый куы фехъуыстой, уæд Дзегыл фæцинтæ кодтой.
Бирæ буц ныхæстæ, бирæ арфæтæ фæкодтой æхсарджын Дзегæн.
— Кæд Бæлгъуыры ссырджын хо æгас нал у, уæддæр, цалынмæ
Бæлгъуырæн йæхи амарæм, уæдмæ нын ацы сау бæстæйæ аирвæзæн
нæй, — дзуры дарддæр чъегъре.
— Дæ ныхæстæ раст сты, не ’фсымæр, Бæлгъуырæн йæхи амарын
хъæуы! — схор-хор кодтой алырдыгæй мæнæугæрдджытæ.
— Æмæ йæ куыд амарæм, куыд? — фæрсы сæ Дзег.
— Уымæй хосдзауты бафæрсут. Цы уын зæгъой, уый нын-иу фехъусын
кæнут æмæ мах дæр нæхиуыл нæ бацауæрддзыстæм. Æрмæст, хорз лæппу,
тагъддæр кæн. Ныртæккæ Бæлгъуыр йæ чындзæхсæвмæ цæттæ кæны йæхи
æмæ фырцинæй йæ сау бæстæйы цытæ цæуы, уый нал уыны. Фæлæ та
чындзæхсæвы фæстæ йæ гаччы абаддзæн. Йæ хæйрæджытæ дæр æмбæхст
сты. Бæлгъуыры хойы амардæуыд, уый куы фехъуыстой, уæд афгæ фæтарс-
тысты, æмæ хæхты скъуыдты, дурты бын, бæлæсты мæраты æмæ уæрмыты
бамбæхстысты æмæ æмризæджы ризынц. Æндæр дын афонмæ дæ алы къахдзæф,
дæ алы фæзылдмæ дæр кæсиккой æмæ сæ паддзахмæ дзырд хæссиккой.
Дзег æмæ йæ чъегъре мæнæугæрдджытæн раарфæ кодтой æмæ дæрддæр сау
фурды былтыл уæлæмæ араст сты. Иу афон схæццæ сты иу стыр уыгæрдæнмæ.
Кæсынц, æмæ хосдзаутæ хос кæрдынц æмæ зарынц.
— Уæ бон хорз! — загъта сын Дзег.
— Æгас нæм цу, уазæг! Фæлæ махæн та хорз бон цы Хуыцау дæтты? Дæхæ-
дæг æй нæ уыныс? — дзурынц хосдзаутæ.
— Мæнæугæрдджьпы кæугæ баййæфгон æмæ сæ куыды сæр цæуыл уыд, уый зонын.
Фæлæ сымах цæмæн хуцуг, уымæн ницы æмбарын: уыгæрдæн сымах нæу, уе рæгьтæ —
гом, уæ гуыбынтæ — афщд, уæ царм æмæ уе стæг кæрæдзийыл баныхæсгысгы.
— Раст дзурыс, хорз лæппу, — дзуапп радтой хосгæрдджытæ. — Нæ цард
ацы бæстæйæ талынгдæр у. Фæлæ заргæ уымæн кæнæм, æмæ, дам, цавæрдæр
цуаноны фырт Бæлгъуыры ссырджын хойы амардта æмæ хурджын бæстæм
фæндаг байгом ис.
— Уыцы лæппу уæ цуры лæууы, — бацамыдта чъегъре Дзегмæ.
Дзег сæ сæрылхæцæг у, хосдзаутæ уый куы базыдтой, уæд сæ цинæн кæ-
рон нал уыд. Зæрдиаг арфæтæ йын фæкодтой.
— Зæгъут-ма мын, Бæлгъуырæн куыд ис амарæн? — бафарста Дзег.
— Афтæ æнцон амарæн нæу тыхгæнæг Бæлгъуыр. Бирæтæ фæлвæрдтой сæ
тых йæ амарыныл, фæлæ сæ бон нæ баци. Бæлгъуыр фæуæлахиз се ’ппæтыл
дæр, йе знæгты сæры къуыдыртæй та йе стыр галуаны алыварс бæрзонд
быру æрзылдта.
Уыцы ныхæстæм зæронд хосдзау загъта:
— Ссырджын зæронд усы чи скъуыхтæ кодта, уый Бæлгъуырæн йæхи
дæр амардзæн. Ссивджытæм ацæуæд, æмæ йын уыдон исты бауынаффæ
кæндзысты. Мах дæр нæхи фæстæмæ нæ аласдзыстæм.
Араст та сты Дзег æмæ йæ чъегъре фурды былтыл уæлæмæ æмæ æп-
пынфæстаг схæццæ сты æндæр уыгæрдæнмæ. Уым Бæлгъуыры фæлмæцыд.
куыстдомд æххуырстытæ ссывтой хос, амадтой дзы стыр цъына, сæхæдæг
хæкъуырццæй кæуынц, сæ тæригъæдæй сау бæстæ ноджы саудæр кæны.
— Уæ бон хорз, — дзурынц сæм Дзег æмæ йе ’мбал.
— Амондджынæй цæрут, — дзуапп радтой ссивджытæ, сæ судзаг цæс-
сыгтæ ныхъуыргæйæ.
— Кæугæ та цæмæн кæнут? — бафарста сæ Дзег.
— Куыннæ кæуæм, хорз лæппу. Хос иууылдæр куы æрыссивæм, уæд
цъынайы хуылфы хъуамæ нæхицæй искæйы бавæрæм, йæ хал кæмæн схауа,
уый. Стæй йыл уæд Бæлгъуыры хъæддаг хуы йæхи раскъæрдзæн æмæ цъы-
на æд лæг уыцы иу ныхъуырд акæндзæн.
— Мæн ма дзы цæвæрут,— зæгъы сын Дзег.
— Бæлгъуыры ссырджын хойы ды кæй амардтай, уый не ’ппæт дæр
зонæм. Дæ ныййарджытæ дæ хурæй бафсæдæнт. Фæлæ ды уазæг дæ, уазæджы
та ахæм ранмæ ауадзын æмбæлгæ нæ кæны.
— Цæвæрут мæ цъынайы, — загъта та сын Дзег. — Æз хъæддаг хуыйы
дæр амардзынæн, уыцы зæронд кæлæнгæнæджы куыд амардтон, раст афтæ.
— Куыд уын зæгъы, афтæ бакæнут, — йæ фарс фæлæууыд сау чъегъре.
Æмæ ссивджытæ сразы сты Дзеджы хосы цъынайы цæвæрыныл.
Дзегæн йæ фатдон, йе ’рдын йе ’фцæгыл, йæ фыды уæззау цирхъ йæ астæуыл
баст, афтæмæй бахызти цьынамæ.
æууы Дзег цъынайы астæу æмæ æнхъæлмæ кæсы Бæл-
гъуыры хъæддаг хуымæ. Æнхъæлмæ кæсы æмæ йæ фат, йе ’рдын цæттæйæ дары.
Уалынмæ зæхх ныррызт, цьына ньщздзойтæ кодта. Сырды комы тæф Дзеджы
артау асыгъта. Æрдын æмæ фæттæ хуыйы дзыхы скъæр-къæр кодтой. Дзегæн
йæхи цыдæр цъилау ныззылдта, стæй сæрбихъуырæйттæгæнгæ цавæрдæр сау
комы атахти æмæ фæстагмæ иу лакъон цады йæ тъæпп фæцыд. Чысыл-ма
бахъæуа, æмæ дзы ма фæхуыдуг уа. Фæлæ цады был иу цавæрдæр къуыбырмæ
фæгæпп ласта. Йæ алыфарсмæ куы акасти, уæд Дзег бамбæрста, хъæдцаг хуыйы
уæцъæфы кæй аирвæзти, уый. Фæлæ æхсарджын цуанон нæ фæтарсти: йæ
фыды цирхъ кæрддзæмæй фелвæста, райдыдта цъыччытæ кæнын æмæ хуыйы
гуыбынæй æдцæмæ фæндаг гæрдыныл сси.
Ныхъхъуыххыттытæ, ныхъхъыллисгытæ кодга хуы, катай кæны, йæхи зæххыл
хойы.
Дзег хуыйы уæцъæфæй уыгæрдæнмæ æргæпп кодта.
Хуы афтæ тынг фæтарст, æмæ хæхты ’рдæм йæхи уыцы иу зыввытг нылласта.
Ссивджытæ исдугмæ фæйнæрдæм фæпырх сты, фæлæ Дзеджы дзæбæхæй
куы ауыдтой, уæд æм базгъордтой.
— Ныхджын лæппу кæй дæ, уый бæрæг у. Фæлæ уæддæр иунæгæй
Бæлгъуырæн дæр æмæ йæ хуыйæн дæр ницы бакæндзынæ, — загътой йын
ссивджытæ.
— Раст сты уæ ныхæстæ, хорз адæм. Фæлæ мын уæд хуыйы амарынæн исты
амал бацамонут.
— Ацы хуы хæцæнгарзæй маргæ нæу, зондæй йыл фæтых у, стæй
Бæлгъуырæн йæхицæй райдайын хъæуы, — загьта ссивджытæй иу.
— Æмæ йæ куыд райдайон, куыд? — фæрсы йæ Дзег.
— Дарддæр сау фурды былтыл уæлæмæ цæугæ æмæ иу заман схæццæ
уыдзынæ Бæлгъуыры галуантæм. Хуры чызджы бафæрс, æмæ дын уый,
дарддæр цы кæнын хъæуа, уый бацамондзæн. Цавæр хæцæнгарзæй маргæ у
Бæлгъуыр, уый куы базонай, уæд-иу хабар махæн дæр фехъусын кæн.
Дзег ссивджытæн хæрзбон загъта æмæ йе ’мбалимæ сау фурды былтыл
уæлæмæ араст.
урды былтыл бирæ фæцыдысты Дзег æмæ йæ чъегъре.
Æппынфæстаг схæццæ сты Бæлгъуыры галуантæм.
Цъæх хур хæхты аууон фæци. Изæрæхсиды рухсмæ галуанты мæсгуытæ æмæ
цъуппытæ цъæх адардтой. Быдырырдыгæй сау мигътæ арв æрбахгæдтой, æмæ
саудалынг бæстæ ноджы ныттардæр ис. Бæрзонд быруйæ бирæ мин сæры къуы-
дыры сæ цæстыты къуырфытæй кастысты дæлæмæ, быдырмæ.
Фæлæ æхсарджын Дзег уыдæттæй нæ фæтарст, йæ маст йæ риуы ноджы
тынгдæр рафыхти; æрфæндыд æй тагъддæр Бæлгъуыримæ схæцын, æмæ, уый
йæхицæн цагъайраг кæй скодта, уыцы адæмы фервæзын кæнын.
Дыккаг бон раджы, дæлдзæхы хур бæрзонд хæхты аууонæй йæ был нæма
сдардта, афтæ Дзег йæ чъегърейы фæрсы:
— Дардцæр та куыд чындæуа?
— Уартæ уал сырх къæдзæхы аууонмæ цом æмæ галуанæй суадонмæ чи
рацæуа, уымæ бакæсæм.
Дзег йе ’мбалимæ сырх къæдзæхы фæстæ æрæмбæхст æмæ йæ каст къах-
вæндагмæ скодта.
Бирæ æнхъæлмæ кæсын сæ нæ бахъуыди. Уайтагъд къуыбыры аууонæй иу
чызг разынди, дурын йе ’ккой, афтæмæй заргæ æрцæуы:
Хæрзконд, рæсугъд чызг у Зæринæ,
Бсестыл рæсугъддæр уымæй нæй.
Йæ фæлмæн уадултæй æрттивынц
Ссеууон хур, стъалытæ ’мæ мсей.
Чъегъре Дзегмæ дзуры:
— Уый Хуры чызджы лæггадгæнæг у. Дон дзы ракур. Чызг фæстæмæ галуан-
мæ куы баздæха, уæд æй Хуры чызгæн дзурдзæн, æмæ уæд хъуыддаг йæхæдæг
йæхи амондзæни.
— Ныртæккæ йæ æз Зæринæйæ афæрстытæ кæндзынæн, — æмæ Дзег къæдзæхы
аууонæй рацыд.
Чызг суадонмæ æрызгъордта, дурыны дон фелвæста æмæ фæстæмæ куыд
фæцæйздæхт, афтæ йæм Дзег фæдзырдта:
— Хорз чызг, дæ дурынæй ма мын дон авæр!
— Мæ дурынæй дын ницы авæрдзынæн, уый æз Бæлгъуыры чындзагæн
хæссын, æмæ мын æй счъизи кæндзынæ!
— Иунæг хъуыртт мын дзы авæр, æрмæст иунæг хъуыртт! — лæгъстæ
кæны Дзег.
Уæд чызджы зæрдæ фæфæлмæн æмæ дурын Дзегмæ радта.
Лæппу дурынæй иу хъуыртт скодта, сусæгæй дзы Зæринæйы сызгъæрин
къухдарæн цæппæрста æмæ йæ фæстæмæ чызгмæ радта. Чызг йæ дурын фелвæс-
та, йе уæхскыл æй авæрдта æмæ уыцы иу тьæбæртт аласта. Дзег фæстæмæ дурыл
æрбадт æмæ æнхъæлмæ кæсын байдыдта.
рбазгъордта чызг Бæлгъуыры галуанмæ æмæ Зæринæйы
къухтыл дон кæнынмæ фæци. Уалынмæ Зæринæйы армытъæпæнмæ сызгъæ-
рин къухдарæн æрхауд. Ныддис кодта Хуры чызг, фырцинæй йæ зæрдæ уæрыккау
скафыди. Цы ма акодтаид, уымæн ницыуал зыдта. Лæггадгæнæджы фæрсын
дæр нæ уæндыд. Бæлгъуырыл æй куы сардауа, мыййаг. Фæлæ фæстагмæ нал
фæлæууыд æмæ йæ афарста:
— Дæ дурынæй исчи нозта дон?
— Ничи! — фæтарсти чызг.
— Куыд ничи? Тæрсгæ ма кæн, раст цы у, уый зæгъ, æмæ дын æз ног къаба
балæвар кæндзынæн.
— Иу лæг дзы банозта.
— Цавæр лæг? Æмæ ныр кæм и?
— Нæ суадоны раз дурыл бады.
— Згъоргæ, тагъдцæр, мæ къона, æмæ йæ ардæм ракæн! Æрмæст æй фед-
тай, уый макæмæн зæгъ.
— Ма тæрс, никæмæн ницы зæгъдзынæн! — загъта чызг æмæ суадонмæ
уыцы иу згъорд аласта.
Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ лæггадгæнæг Дзеджы æрбалæууын кодта
Зæринæйы уаты.
Хуры чызг йæ мойы куы ауыдта, уæд ыл йæхи баппæрста, фырцинæй йæ
цæстысыгтæ æргæр-гæр кодтой. Дзегæн дæр йæ зæрдæ суынгæг æмæ йæ рæ-
сугъд усы йæ хъæбысы ныккодта. Кæрæдзиуыл куы фæцинтæ кодтой, уæд Дзег
Зæринæйы бафарста:
— Бæлгъуыры куыд амарæм? Цы ’гъдауæй аирвæзтæуа ацы æлгъыстаг бæс-
тæйæ?
— Æнцон амарæн нæу фыдгæнæг Бæлгьуыр. Æнцон аздæхæн нæ уыдзæн
нæ райгуырæн бæстæм. Мæнæ уал исты ахæр, дæ фæллад суадз, стæй сау ком-
мæ дæсны зæронд лæгмæ фæцу æмæ уый бафæрс.
— Æз, уæдæ, хæргæ — нал, фæлæ ме ’мбалимæ цæуын уыцы дæснымæ.
Дзег тагъд-тагьд рацыди галуанæй. Суадонмæ ныууад æмæ йæ чъегъреимæ
зæронд лæгмæ араст сты.
Зæронд дæсныйы хæдзар æддейы бакæсгæйæ уыди дæлдзæхы иннæ хæ-
дзæртты хуызæн сау; фæлæ мидæгæй — райдзаст, рухс, Хурджын бæстæйы
хæдзæртты куыд вæййы, афтæ. Къултыл хус кæрдæджыты бæстытæ ауыгъд,
фæйнæг тæрхæгыл уыди фист хæлынтæ, дуртæ, æлыджы къæрттытæ. Уазджы-
ты фенгæйæ зæронд лæг бацин кодта. Сæ цыды сæр цæуыл у, уый куы бам-
бæрста, уæд иучысыл ахъуъщы кодта, стæй загъта:
— Байхъус мæм лæмбынæг, мæ хур, æмæ ды, æз куыд зæгъон, кæнгæ дæр
6 Дзеджы фырт Дзег
раст афтæ бакæн. Бæлгъуырæн нæдæр цирхъæй ис амарæн, нæдæр фатæй, йæ
басудзын дæр никæй бон бауыдзæн. Уымæн æмæ йæ уд, йæ ныфс æмæ йæ
хъару æртæ халоны хуылфы сты. Халæттæ та чысыл сызгъæрин чырыны мидæг
сты. Чырын бабызы цъæхбылы æмбæхст у, бабыз — хъæрццыгъайы цъæхбылы,
хъæрццыгъа — хъазы цъæхбылы. Уыцы хъаз та хъæддаг хуыйы уæцъæфы ис.
Хъæддаг хуы дæр хуымæтæджы хуы куы уаид, фæлæ æнæхъæн хохы йас у. Ды
йæ уæцъæфы куы уыдтæ, уæд уыцы хъазыл лæууыдтæ. Фæлæ хъазы дæр, хъæрц-
цыгьайы дæр æмæ бабызы дæр амарæн ис æрмæст Бæлгьуырæн йæхи фæтгæй. Уыдон
кæддæриддæр йæхимæ вæййынц, æппындæр сæ уæгьд нæ уадзы. Сызгъæрин чырын
дæр, йæ куырæты галиу дзыппы цы чысыл дæгьæл ис, æрмæст уымæй гом
кæны. Фæттæ, æрдын æмæ чысыл дæгъæл куы ссарай, уæд амардзынæ хуыйы
дæр, хъазы дæр, хъæрццыгъайы дæр, бабызы дæр. Бабызы куы амарай, уæд
сызгьæрин лагъз райс, Бæлгъуыры дæгъæлæй йæ байгом кæн æмæ дзы уыдзæн
æртæ халоны: сау, фæныкхуыз æмæ цъæх. Сау халон Бæлгъуырæн йæ уд у,
фæныкхуыз — йæ тых, цъæх халон та Бæлгъуыры ныфс у. Фыццаг уал-иу, —
дзырдта дарддæр зæронд лæг, — басæтт знагæн йæ ныфс, уый фæстæ — йæ
тых, æппæты фæстæ та йын йæ уд сыскъуындзынæ. Фæттæ, æрдын æмæ чысыл
дæгъæл ссарынæн дын Хуры чызг куы нæ баххуыс кæна, уæд дæ къухы нæ
бафтдзысты. Ноджыдæр ма дын зæгъын, тагъддæр кæн, кæннод Бæлгъуыр æмæ
йæ хæйрæджытæн сæ тарст куы фæлидза, уæд дын байрæджы уыдзæн.
Уазджытæ куы рацæйцыдысты, уæд дæсны лæг Дзегмæ хæцъилы тыхтæй
цавæрдæр урс ссад радта æмæ йын загьта:
— Ацы ссад-иу Хуры чызг доныл ныккæнæд æмæ йæ Бæлгъуырæн бадарæд.
Æрбаздæхти фæстæмæ Дзег Бæлгъуыры галуантæм æмæ зæронд дæсныйы
ныхæстæ Хуры чызгæн рафæзмыдта, радта йæм ссад дæр хæцъилы тыхтæй.
— Хорз, æз дын ссардзынæн Бæлгъуыры фæттæ, æрдын æмæ дæгъæл. Ныр
уал бамбæхс, кæннод уыцы лæгхор куы ’рбацæуа, уæд дæ аныхъуырдзæн, —
загъта Зæринæ æмæ сызгъæрин уаты дуар бакодта. Уый фæстæ байгом кодта
æндæр уаты дуар — уый та æргъæу уат уыди. Æргьæу уаты астæу Зæринæ сыз-
гъæрин къæйыл схæцыди æмæ Дзегмæ дзуры:
— Ныккæндмæ ныххиз, æмæ дæм цалынмæ æз æрбацæуон, уæдмæ змæлгæ
дæр ма фæкæн.
Дзег ныккæндмæ куы ныххызти, уæд ыл Зæринæ сызгъæрин къæй æр-
фæлдæхта æмæ уатæй рацыди.
алынмæ Бæлгъуыр йæхæдæг дæр æрбахæццæ.
— Уф-уф-уф, Хуры чызг, мæ фындзыл хæххон дзиглойы тæф уайы!
— Цæй хæххон дзигло нæм хъуамæ уа, — фæлмæн хъæлæсы уагæй йæм
дзуры Хуры чызг, — афтæ дæм фæкасти, æндæр.
— Раст у дæ ныхас, Хуры чызг, — дзуры та Бæлгъуыр. — Ды ам куы дæ,
уæдæй фæстæмæ мæ сау адæм кæмыты кусынц, уыцы бынæттæм нал æфтын,
мæ хæйрæджытæ сæм кæсынц. Фæлæ дзы исчи алидзынвæнд куы скæна, уæд-
дæр нæ аирвæздзæн мæ бæстæйæ. Сфизонæг æй кæндзынæн цырын артыл. Се
’ппæты дæр басудздзынæн! Сау фæнык сæ фестын кæндзынæн! Зæронд Дзеджы
фырты дæр амардзынæн. Уый ныртæккæ ам ис, мæ бæстæйы. Мæ хойы мын
амардта æмæ афтæ æнхъæл у, ныр та мæн дæр амардзæн! Нæ! Дзег ардыгæй
нал аирвæздзæн, æхгæд у уæлдзæхмæ цæуæн хуынкъ! Ме ’дзард хойы бæсты
дзы æндæр гæстæ æрæвæрдтон.
Бæлгьуыр йæ хъæрæй галуаны къултæ фæцæйхаста. Йæ иунæг цæстæй цæ-
хæртæ калди. Йæ хъуын арц сбадти. Йæ даргъ лыстæг къухты æмæ къæхты æн-
гуылдзтæ кæлмытау къæлæсытæ кодтой.
Куы ’рсабыр Бæлгъуыр, уæд Зæринæйæн афтæ зæгъы:
— Уæ, Хуры чызг, хæринаг мын куы ’рбахæссын кæнис!
— Æз дын мæхæдæг æрбадавдзынæн хæрд æмæ нозт дæр, — фестади Зæри-
нæ йæ бынатæй æмæ цæстыфæныкъуылдмæ Бæлгъуыры раз фынг авæрдта алы-
хуызон хæринæгтимæ. Стæй йын къусы нозт æрбахаста, зæронд дæсны лæг ын
цы ссады уырз æрбарвыста, уый дзы ныккодта, афтæмæй. Бæлгъуыр хæрд-
нозтæй йæхи хорз куы федта, уæд Зæринæмæ дзуры:
— Хуры чызг, куы дæ æрхастон, уæдæй нырмæ бирæ бонтæ рацыди. Фæлæ
дæ иунæг фæлмæн ныхас дæр нæма фехъуыстон, мæ фарсмæ никуыма абадтæ,
иунæг хатт дæр мæм нæма бахудтæ.
— Раст зæгъыс, паддзах. Фæлæ дæм куыд худон, æууæндгæ мыл куы нæ
кæныс, уæд? Афтæ куы нæ уаид, уæд дæ куырæты галиу дзыппы мæнæй чы-
сыл дæгъæл не ’мбæхсис!
Бæлгъуыр йæ дзыхы дзаг ныххудти, куырæты галиу дзыппæй чысыл
дæгъæл фелвæста æмæ загъта:
— Мæнæ амæй зæгъыс? Гъа, æгайтма дæ хъæуы, айс æй. Фæлæ, хъусыс,
сафгæ йæ ма фæкæн!
— Уанцон сæфт нæу, — загъта Зæринæ, йæхæдæг дзы алдымбыд аласта
æмæ йæ æрцауыгъта йæ хъуырыл.
Уый фæстæ та йын Зæринæ бауайдзæф кодта:
— Де’рдын æмæ дæ фæттæ демæ куы хæссыс, уæд цавæр у! Æвæццæгæн
дын мæнæй зынаргъдæр сты.
Йæ дзыхыдзаг та ныххудти Бæлгъуыр, йæ цæст алырдæм скатай ис. Æриста
йе ’фцæгæй йæ фатдон, йе ’рдын, сæзгъæрин даргъ бандоныл сæ æрæвæрдта
æмæ фæрсы Зæринæйы:
— Хуры чызг, ныр дæр не ’рбаддзынæ мæ фарсмæ?
— Бæгуыдæр æрбаддзынæн. Фæлæ бадгæ цæмæн? Мæнæ уал тъахтиныл
æркъул кæн æмæ дæ фæллад суадз, хæтæнты куы фæхаттæ, цæуæнты куы
фæцыдтæ. Бадгæ уый фæстæ дæр акæндзыстæм.
— Уымæй дæр раст дæ, Хуры чызг, — загъта Бæлгъуыр. Сыстад йæ кæлæт-
джынæй, тъахтиныл æрхуыссыд æмæ уайтагъд йæ хуыр-хуыр ссыд.
Уæд Зæринæ æргъæу уатмæ азгъордта, сызгъæрин къæйыл схæцыди æмæ
Дзеджы йæ æмбæхсæнæй рауагъта. Стæй йæм радта чысыл дæгъæл, фатдон æд
фæттæ, Бæлгъуыры хъæддых æрдын æмæ йын загъта:
— Тагъддæр цæугæ мæнæугæрдджытæм. Уыдон Бæлгъуыры хуыйæн дзул
фыцынц. Балæгъстæ сын кæн, æмæ дæ дзулы хуылфы бавæрой. Гъе стæй уæд
дæ хъару æмæ дæхæдæг, — амар хуыйы, хъазы, хъæрццыгъайы æмæ бабызы.
Сызгъæрин чырын райс æмæ дын, зæронд дæсны куыд амыдта, афтæ бакæн.
Дзег райста дæгъæл, æрдын, фатдон æд фæттæ æмæ галуанæй ратахт. Йæ
чъегъремæ æрызгъордта æмæ йæ йемæ акодта.
Дзег æмæ йе ’мбал ныххæццæ сты, хос кæм ссывтой, уыцы быдырмæ.
Радзырдтой ссивджытæн хъуыддаг сæрæй бынмæ. Уырдыгæй Дзег азгъордта
хосдзаутæм. Уыдонæн дæр æй бамбарын кодта. Азгьордта Дзег дарддæр йе ’мба-
лимæ æмæ æрхæццæ сты мæнæугæрдджытæм. Уыдон раджы фесты карст Бæл-
гъуыры мæнæутæ, раджы сæ фесты найгонд æмæ ссад дæр. Ссадæй хыссæ сыз-
мæстой æмæ дзы хохы йас дзул кæнын райдыдтой фæлмæцыд, æххормаг
адæм — Бæлгъуыры дæлбартæ.
— Уæ бон та хорз, — загътой сын Дзег æмæ йе ’мбал.
— Мах бонæн хорзæй тас нæу, мæнæ ацы дзулы кæй цæвæрæм, ууыл
сагъæс кæнæм.
— Мæн дзы цæвæрут, — загъта Дзег.
Мæнæугæрдджытæ исдугмæ ком нæ лæвæрдтой. Фæлæ фæстагмæ сразы
сты æмæ Дзеджы дзулы хуылфы цæвæрдтой, йæ алыварс ын хъæмпын арт
скодтой æмæ дзул фыцын райдыдтой. Дзул уайтагъд афыхти, уæдæ цы уыдаид!
Раст гъе уæд сау хæхтæй æрбайхъуысти Бæлгъуыры хуыйы хъох-хъох. Йæ
къæхты бын зæхх ныррызти, йæ уынæрæй хæхтæ, быдыртæ арауынц, йæ комы
тæфæй тыхджын дымгæ сыстади.
Хуы дзулмæ базгъордта æмæ йын йæ раст æмбис срæдывта. Уæд æхсар-
джын Дзег фестад, Бæлгъуыры æрдыныл Бæлгъуыры рæстдзæвин фат авæрд-
та æмæ йæ хуыйыл баскъæрдта. Йæ тæккæ сæры астæу сæмбæлди фат, æмæ
дæ фыдгул афтæ, — зæххыл уыцы иу гуыпп нылласта хуы. Дзег æм фæрæвдз
æмæ йын цирхъæй йæ гуыбын сфазта. Уырдыгæй дынджыр, хæрз дынджыр
хъаз стахти æмæ æврæгътæм йæхи систа. Дзег ныхъхъавыд хъазмæ æмæ йæ
æрæппæрста, акъæртт æй кодта æмæ дзы хъæрццыгъа куы спæр-пæр кæнид.
Дзег айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ та ууыл дæр фат суагъта. Хорз цуанон
куыннæ уыдаид зæронд Дзеджы фырт! Тæхгæ-тæхын цъиуы цæст нæ ивгъуъщ-
та. Ныр дæр йæ фат хъæрццыгъайы иннæрдæм ахызт. Зæххыл йæ тъæпп куы
фæцыди хъæрццыгъайæн, уæд дзы бабыз ратахт æмæ йæхи сау фурдмæ фехста.
Фæлæ, мара-зæгъай, кæд уæле ленк кæна, — доны бын аныгъуылди бабыз.
Дзеджы рæстдзæвин фат æй доны бын дæр ссардта. Мард бабызы дон йæ сæр-
мæ сласта æмæ йæ уылæнтæ дæлæмæ ахастой. Мæнæугæрдджытæ фурдмæ сæхи
бакалдтой, бабызы мард рацахстой æмæ йæ Дзегмæ æрбахастой. Дзег адæмы
раз бабызы акъæртт кодта æмæ йын йæ цъæхбылæй сызгъæрин чырын систа.
— Мæнæ ацы чырыны сты Бæлгъуыры уд, хъару æмæ ныфс. Мæнæ ам ис
сымах æмæ ме знаджы цард! Ныр кæстæртæй исчи азгъорæд æмæ, зæххы хæз-
натæ чи къахы, фыргуыстæй чи ныггуыбыр æмæ чи ныссау, уыдонæн ацы
цины уац фехъусын кæнæд. Ноджы сын зæгъæд, æмæ ардæм рацæуой. Хъуамæ
Бæлгъуыры галуантæм не ’ппæт дæр иумæ бафсæрæм.
— Раст зæгъыс, не ’фсымæр! — схор-хор кодтой, йæ алыварс цы адæм
уыд, уыдон.
* * *
Фæцæуынц сау бæстæйы мæгуыр адæм се знаджы марынмæ. Æппæты разæй
цæуынц æхсарджын Дзег æмæ йæ чъегьре. Уыдон фæдыл та — куыствæллад
мæллæг адæм сæ дзæбугтæ, къахæнтæ æмæ белтимæ. Сæ фæстæ ныххал сты
мæнæугæрдджытæ, хосдзаутæ æмæ ссивджытæ. Афтæ бирæ сты, æмæ сæ зæхх
нæ уромы.
Тæмæнтæ скалдтой сызгьæрин æмæ ’взист, æрхуы æмæ алмаси хæхтæ, хъæл-
дзæгдæрæй схæл-хæл кодтой къададæттæ, цæугæдæттæ æмæ фурдтæ. Суанг ма
дæлдзæхы цъæх хур дæр йæ цыдæй ныллæууьщ æфхæрд адæмæн сæ фæндаг
барухс кæныны тыххæй.
ыцы бон Бæлгъуыр тынг раджы ацыди Хурджын бæстæм
адæмæн фыдмитæ кæнынмæ, уымæн æмæ-иу Бæлгъуыр фыдмитæ цы бон нæ
бакодта, уыцы бон-иу мæлыны къахыл ныллæууьщ.
Æвиппайды йæ зæрдæ срысти. Йæ къабæзтæ дудын байдыдтой. Уæды онг
тас кæмæ нæ хъардта, уыцы зæрдæ тасæй айдзаг и. «Цымæ цæмæн афтæ уа? —
хъуыды кæны Бæлгъуыр. — Мæ зæххытæн, мæ хъæздыгдзинæдтæн кæрон куы
нæ ис, зæххы хæзнатæ иууылдæр мæ къухы куы сты. Мæ сау адæм мæ койæ дæр
æмризæджы куы ризынц. Суанг ма мæ Хур дæр куы тæрсы, уæд мыл æвиппай-
ды цы ’рбамбæлди цымæ?»
Æмæ Бæлгъуыр сфæнд кодта дæлдзæхмæ фæтагъд кæнын æмæ йæ бæс-
тæйыл æрзилын. Бацыд, мæгуыр адæм сæдæгай азты дæргъы сызгъæрин, ал-
маситæ æмæ æндæр алыхуызон зынаргъ дуртæ кæм æмбырд кодтой, уыцы
бынæттæм: басгæрста, йе ’ххуырстытæ зды, къала æмæ æвзист кæрæдзийæ кæм
хицæн кодтой, уыцы рæттæ; бацыд сау æвзалыйы уæрмытæм, сау зæххы сойы
гуырæнтæм. Уырдыгæй катайгæнгæ азгъордта, йæ хо Хуры бæстæм цы хуынкъ
хъахъхъæдта, уымæ. Фæлæ Бæлгъуыр иунæг адæймагыл дæр никуы фембæлд.
Æрмæстдæр йæ хæйрæджытæ тæрсгæ-ризгæйæ бадтысты къæдзæхты скъуыд-
ты, сау дзыхъхъыты æмæ талынг къуымты.
Мæты бацыди Бæлгъуыр. Фырмæстæй йæ хæмхудтæ куы сырх-сырхид афæл-
дæхынц, куы зæххы сойау, сау-сауид авæййынц, куы та, бур æлыгау, абур
вæййынц.
Фырадæргæй азгъордта Бæлгъуыр йæ галуантæм. Йæ уатмæ уыцы иу тахт
бакодта æмæ сырддзæрмттыл бахауд: ныхъхъæрзыдта, йæ дæндæгты къæс-къæс
ссыд.
Уыцы рæстæг йæ галуантæ ныррызтысты, æрбайхъуыстысты адæмы хъæр-
тæ: «Мæлæт фыд-зæрдæ Бæлгъуырæн!»
Уыцы хъæртæй æрызгъæлд, лæгхор адæмы сæры къуыдыртæй цы быру
самадта, уый. Афæлдæхти Бæлгъуыры уаты доны дурын: дурын лыстæг пырх
ныцци, йæ дон та уаты сызгъæрин астæрдыл, сау калмау къæлæсытæ кæн-
гæйæ, асаха кодта Бæлгъуыры тъахтины бынмæ.
Бæлгъуыр тъахтинæй фæтæррæтт ласта.
Уæд Дзег сызгъæрин чырынæй иу халон систа, цъæх халон систа лагьзæй
æхсарджын Дзег æмæ йын йæ къубал сыздыхта. Бæлгъуырæн йæ ныфс асаст,
æмæ фæстæмæ æрхаудта. Уый фæстæ Дзег сызгъæрин лагъзæй систа фæ-
ныкхуыз халоны æмæ уымæн дæр йæ къубал сыздыхта, — Бæлгьуыры тых
басаста цуаноны фырт.
Æхсарджын Дзег æмæ сау коймаг дæсны лæг хæзнатæ æмбырдгæнджытæй, хос
ссивджытæй æмæ мæнæугæрдцжытæй фæйнæ авд лæджы ракодгой æмæ Бæлгьуыр
æнæ тых, æнæ ныфсæй кæм хуыссыд йæ тьахтиныл, уыцы уатмæ бацыдысты.
Бæлгъуыр фæкаст Дзегмæ, бакаст урсзачъе дæснымæ; йæ цæст ахаста йæ
цагьайрæгтыл дæр, æмæ фæтарсти фыдгæнæг паддзах, йæ хид йæ къæхты бы-
нæй акалд.
Уæд дæсны лæг адæмæн афтæ зæгъы:
— Мæнæ уын, нæ туг нын æнæвгьауæй чи нозта, зæххы бын нæ чи бакодта
æмæ нæ йæхицæн чи фæкусын кодта æфхæрд, æххормагæй, уый. Мæнæ ис,
Хурджын бæстæйы хæзнатæ зæххы бын чи бамбæхста æмæ, Хуры чызг Зæри-
нæйы чи раскъæфта, уыцы фыдызнаг!
Иу ныхас дæр нал скодта Дзеджы фырт. Сызгъæрин чырынæй æртыккаг
халоны систа, сау халоны систа æхсарджын Дзег æмæ йын сыздыхта йæ къу-
бал, — аскъуыд дæлдзæхы паддзах Бæлгъуыры цард.
Зæринæйы цæсгом цинæй сæрттывта æмæ хæйрæджыты паддзахы тар га-
луантæ хуры тынтæй айдзаг сты
Дзег æмæ, йемæ мидæгæй чи уыд, уыдон кæртмæ рацыдысты. Дæсны зæ-
ронд лæг, сау комы йæ мæгуыр хæдзары уæззау бонтæ чи ’рвыста, уый йæ къух
хæрдмæ систа æмæ, адæм куы фæсабыр сты, уæд загъта:
— Арфæгонд ут, хорз адæм, амондимæ цæрут, рухсæй бафсæдут! Арфæ-
гонд уæд æхсарджын Дзег дæр. Хуры чызг Зæринæимæ сæ цард рæсугъдæй
арвитæнт. Бæлгъуырæн цыдæриддæр хæзнайæ фембырд кодтам, уыдон амæй
фæстæмæ нæхи сты. Фæндаг нын байгом ис Хурджын бæстæм. Уым, æцæг хуры
тынтæм, а бæстæйы хæзнатæ се ’цæг хуыз скалдзысты æмæ уæлдзæхы адæмы
цард самондджын уыдзæн.
Æхсарджын Дзег йæ дзыппæй цыллæ хæцъил систа, нымæтын ехсæй йæ
æркъуырдта æмæ йæ дзæбидыры царм фестын кодта. Уый фæстæ Дзег дзæби-
дыры цармыл æрбадын кодта дæсны зæронд лæджы æмæ рæсугъдты рæсугьд
Зæринæйы. Йæхæдæг дæр æрбадти сæ фарсмæ.
Æмæ дзæбидыры царм атахти сау фурды былтыл Хуры бæстæм рацæуæн
фæндагмæ.
Дзæбидыры царм уайтагъд æрхæццæ ссырджын усы æртæ чызгмæ.
— Мах дæр нал лæууæм ацы саудалынг бæстæйы, — загътой æртæ хойы
Дзегæн. — Демæ нæ акæн Хурджын бæстæм, дæ хорздзинад дын никуы ферох
кæндзыстæм.
Дзег æртæ чызджы æрбадын кодта дзæбидыры цармыл æмæ загъта:
— Хурджын бæстæйы цы фестæм!
* * *
Дзæбидыры царм сау хуынкъæй стахт. Кæсы Дзег, æмæ Тох æмæ Æтох
мусонджы бадынц.
— Цæмæн æрфæлдæхтат уæззау къæй æмæ мæ дæлдзæхы цæмæн ныууагъ-
тат? Уæ ард цæмæн фехæлдтат? Худинаг уын уæд! — бауайдзæф кодта Дзег Тох
æмæ Æтохæн.
Ссырджын усы æртæ чызгæн та загъта:
— Сымахæн хорз амæндтæ уæ хай. — Йæхæдæг тархъæдмæ азгъордта æмæ
хотæн æрбахаста сагтæ æмæ сæгуытты мæрдтæ, дæлдзæхы мын кæй феххуыс
кодтат, уый тыххæй уын мæ лæвар, зæгъгæ.
Уый фæстæ Дзег хæдтулгæ уæрдоны бабадт æмæ йæ рæсугъд усимæ араст и
йæ зæронд мад æмæ фыды хæдзармæ.
Цас фæтылди хæдтулгæ уæрдон, чи йын цы зоны. Фæлæ æппынфæстаг
батылди зæронд Дзеджы мæгуыр хæдзармæ.
Нал уыди кæрон зæронд цуаноны цинæн. Нал æфсæст йæ фырты æмæ
йæ чындзы уындæй зæронд Азау. Дзег йæ фыртæн хорз чындзæхсæв скодта.
Æрхуыдта, дæлдзæхæй чи ссыд, уыцы адæмы. Чындзæхсæвы хистæрæн бадти
сау коймаг дæсны лæг, сау чъегъре та йæ галиу фарс.
Зæронд Дзег æрхуыдта сæ каисты дæр: Хурты Хурзæрины усы йæ дыууæ
чызгимæ. Æвзист Мæйы ус дæр нæ фæзивæг кодта. Урсзачъе зæронд лæг æмæ
сохъхъыр Æфсати дæр уым уыдысты. Куырдалæгон, Бонвæрнон, Авд хойы,
Фисынмæдзæуджытæ, — иууылдæр чындзæхсæвмæ æрцыдысты. Æппæты дæле
бадти Кæрдæджы стъалы æмæ цъæхбын рухс кодта.
Куырттаты саухъæд, Хурджын бæстæ æгасæй дæр цин æмæ амонды зар-
джытæй байдзаг ис.
Хурты Хурзæрин та арвы астæуæй касти. Уый йæ цæхæр цæст ныддардта
йæ буц чызг Зæринæмæ, йе сиахсмæ æмæ, зæронд Дзеджы хæдзары чындзæх-
сæвы чи бадт, уыдонмæ се ’ппæтмæ дæр.
æронд цуанон Дзег æмæ йæ зæронд ус Азау 7
зауæн райгуырди сауцæст лæппу 9
зеджы фырт фæцсеуы цуаны 12
зег зæронд лæджы хæдзары 16
охъхъыр Æфсатимæ уазæгуаты 20
зег сæмбæлди Хуры чызджытыл 24
зег æртæ хæйрæджы куыд бафидауын кодта 27
зег схæццæ Хуры хæдзармæ 33
ур ирæдæн цы бацагуырдта 35
æстæмæ та Куырттаты саухъæды 39
зег йæ ирæд куыд ахицæн кодта 42
зегæмæ Зæринæ сæхи фæндагмæ рæвдз кæнынц 44
æйрæджыты паддзах Зæринæйы дæлдзæхмæ куыд ахаста 47
зегсæмбæлди Тох æмæ Æтохыл 51
æ иу ссыр уæларвмæ, иннæ ссыр дæларвмæ кæмæн уыд, ахæм зæронд ус 54
зег дæлдзæхы бæстæйы 61
ы федтаДзег дæлдзæхы бæстæйы 69
æлгъуыры хосдзаутæ æмæ Дзег 71
зег хъæддаг хуыйы уæцъæфы 75
æринæйы лæггадгæнæг чызг 77
зег Бæлгъуыры галуанты 80
зег Бæлгъуыры хуыйы куыд амардта 84
æлгъуыры мæлæт 89
Для дошкольного и младшего школьного возраста
Бритаев Созырыко Аузбиевич
ДЗЕГ СЫН ДЗЕГА
Сказка
па осетинском языке
Редактор Т.А.Кокайты
Художник Ц.Р.Газданов
Художник-дизайнер В. С. Григорян
Художественный редактор Г.З.Чеджемты
Технический редактор А.В.Ядыкина
Корректор Т.А.Казбекова
Сдано в набор 20.02.02. Подписано к печати 25.09.02.
Формат бумаги 84x90 •/„.
Бум. офс. № 1. Гарн.шрифта «Таймс».
Печать офсетная. Усл.п.л. 8,40. Учетно-изд.л. 4,67.
Тираж 3000 экз. Заказ №3091 С 40.
Комитет РСО—Алания по печати и делам издательств.
Издательство «Ир», 362040, г.Владикавказ, проспект Мира, 25.
Отпечатано в ФГУП «Издательство «Кавказская здравница»,
г.Минеральные Воды.