Text
                    ИРОН
ЛИТЕРАТУРÆ
СЫВÆЛЛÆТТÆН
ХРЕСТОМАТИ
$ь
Дзæуджыхъæу
2010


83.3(2Рос=Осет)я72 И-62 В оформлении использовано произведение художника Махарбека Туганова Ирон литературæ сывæллæттæн: — Хрестомати. / И—62 Сарæзтой йæ Уалыты Т., Хъантемыраты Р. — Дзæу- джыхъæу: Ир, 2010 - 399 ф. Осетинская детская литература: хрестоматия 15ВЫ 5-7534-1266-3(978-5-7534-1265-2) „4306020400-10 л И М131(03)-10 43'10 83'3 (2Рос=Осс)я722 © ГУП РСО-Алання «Издательство «Ир», 2010 © Валнева Т.И., Кантемнрова Р.С., составленне, 2010 © Чеджемты Г.З., оформленне, 2010 15ВЫ 5-7534-1266-3(978-5-7534-1265-2)
РАЗНЫХАС Хрестомати арæзт у Цæгат æмæ Хуссар Ирыстопы паддзаха- дон университетты ирон филологи æмсе педагогон факультетты студенттæн. Адæмон сфæлдыстад иымад цæуы сывæллæтты литературæйы сæйраг къабазыл. Ис ын стыр идейон-хъомыладон æмæ эстетикон нысаниуæг рæзгæ фæлтæры хъомылады. Уымæ гæсгæ чиныджы фыц- цаг хайы ис дзæвгар æрмæг адæмон сфæлдыстадæй. Хрестоматийы дыккаг хаймæ та хаст æрцыдьюпы, сывæллæт- шы литературæйы рæзты истори, йæ идейон-аивадон мидис аив- дæрæй цы уацмысты зыиы, уыдои. Алы фыссæджы тыххæй дæр дзы ис цыбыр биографион æрмæг æмæ йе сфæлдыстады тыххæй сæйраг зонинæгтæ. Сывæллæтты темæ сæрмагоид бынат ахсы Хетæгкаты Къос- тайы сфæлдыстады. Йæ чиныг «Мæ хæрзæггурæггаг Иры сывæл- лæттæи» бындур æрæвæрдта сывæллæтты литературæйæн. Хрес- томатимæ хаст цæуынц Къостайы радзырд «Дзæбидырдзуаи», са- битæн фыст æмдзæвгæтæ æмæ цалдæр басияйы. ’ XIX æнусы кæрон æмæ XX æнусы райдайæны ирон фысджы- тæй сывæллæтты литературæйы райрæзтæн стыр ахъаз фесты Гæдиаты Секъа, Хъайтмазты Аслæмырзæ, Гуырдзыбеты Бласка æмæ Гæдиаты Цомахъы уаи^мыстæ. XX æнусы 20—50 азты сывæллæтты литературæйы дарддæры рæзтыл æнувыдæй куыстой Коцойты Арсен, Хетæгкаты Дауыт, Малиты Георги, Барахъты Гино, Дзесты Куыдзæг, Плиты Хари- тои, Мамсыраты Дæбе, Дзугаты Георги, Хозиты Яков æмæ иннæ фысджытæ. Рæзгæ фæлтæры цард æмæ хъомылад, сæ удыхъæд æмæ психологи, æрдзмæ уарзондзинад, хæлардзинад аив æвдыст æрцы- дысты сæ уаи,мысты. Сывæллæтты литературæ ног къæпхæимæ схызт XX æнусы 60—80 азты. Бæрцæй фæфылдæр, фæхуыздæр йæ идейон-аивадон мидис. Фысджытæ хуыздæр æнкъарыи æмæ æвдисын райдыдтой сабийы удыконд, ахсджиаг темæтæм æвнæлдтой ныфсджындæрæй. Чиныджы фаг æргом здæхт цæуы Баситы Мысост, Цæрукъаты Алыксандр, Сечъыиаты Ладемыр, Цæгæраты Гиго, Айларты Измаил, Цæрукъаты Владимир, Уырымты Петя, Айларты Чермен, Икъа- ты Владимир, Чеджемты Геор, Хъодзаты Æхсар, Дзасохты Муза- фер, Гуыцмæзты Алеш æмæ иннæты сфæлдыстадмæ. Хрестомати арæзт у программæйы домæнтæм гæсгæ. 3
ИРОН АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД Ц НАРТЫ КАДЦЖЫТÆ [Ц НАРТЫРАВЗÆРД Хуыцау дунейы куы сфæлдыста, уæд адæм скæнын фæнд скод- та. Хуыцауы уынаффæмæ гæсгæ зæххыл равзæрдысты уадме- рытæ. Уыдон уыдысты ставд æмæ тыхджын адæм: кæмтты цæугæ нæ кодтой, зæххæн уыдысты уæззау. Æмæ сæ Хуыцау фесæфта! Уадмерыты сæвзæрынæй æртæфондзыссæдз азы куы рацыди, уæд Хуыцау сфæлдыста къамбадайы — зондæй дæр, тыхæй дæр уадмерыты хуызæн, асæй та — къаддæр, раст ныры рæстæджы дæсаздзыд сывæллоны йæстæ. Къамбада æгæр лыстæг адæм уыдыс- ты зæххыл цæрынæн, æмæ та Хуыцау уыдоны дæр фесæфта. Æртæфондзыссæдз азы куы рацыди къамбадайы сфæлдисы- нæй, уæд Хуыцау скодта гамерыты. Фæлæ та уыдон дæр æгæр стыртæ разындысты асæй æмæ тыхæй дæр, æмæ сæ Хуыцау зæх- хыл нæ ныууагъта., Æртæфондзыссæдз азы та рацыди гамерыты сфæлдисынæй, уæд Хуыцау скодта гуымирыты., Уыдон дæр зæххæн аккаг нæ фесты, æмæ сæ Хуыцау фесæфта. Æртæфондзыссæдз азы куы рацыди гуымирыты сфæлдисы- нæй, уæд Хуыцау сфæлдыста уæйгуыты. Уыдон дæр та нæ фæ- рæстмæ сты Хуыцауæн, — уыдысты гуырымыхъ адæм: кæуыл дзы уыд авд сæры, кæуыл — иу сæр, кæмæн дзы уыди дыууæ цæсты, кæмæн та — иу цæст. Уыдысты тыхгæнæг... Цæргæ код- той хъæдты æмæ хæхты лæгæтты. Æртæфондзыссæдз азы та куы рацыд уæйгуыты сфæлдисы- нæй, уæд Хуыцау сфæлдыста ног адæм, Нарт, зæгъгæ. Æмæ йын уыдон фæрæстмæ сты: асæй дæр æмæ тыхæй дæр зæххы аккаг уыдысты. Тынг тыхджын æмæ ныфсджын адæм уыдысты Нарт. Нарты адæмæй тых бирæ кæмæ нæ уыд, кæнæ ныфсæй æххæст чи нæ уыд, уыдон та, фылдæр хатт, тынг зондджын, хин æмæ цыргъзонд, стæй дзырддзæугæ уыдысты. Уыцы миниуджытæм гæсгæ-иу Нæртон адæм се знæгтыл фæуæлахиз сты. Хорз нæ касти Нартмæ хуымæтæджы æнцад цард кæнын. Уыдон сæ рæстæг æрвыстой стæртæ, хæстытæ æмæ цуаны. Хæ- цыдысты тыхгæнæг уæйгуытимæ дæр, æмæ сæ æппынфæстаг мыггагæскъуыд фæкодтой. 4
Нарт цардысты хæхтæ æмæ быдырты, Царциаты рагъæй суанг Бестауы рæбынмæ. Цæргæ та кодтой дыууæ дихæй: Уæллаг Нарт æмæ Дæллаг Нарт. Дыууæ Нарты астæу уыдис Нарты стыр Ны- хас. Истæуыл сæ-иу уынаффæ кæнын куы бахъуыдис, уæд-иу фидиуæг ныхъхъæр кодта Бæрзонд Тыппырæй, æмæ-иу Нарт æрæмбырд сты се стыр Ныхасмæ. Нарт уыдысты æртæ мыггаджы: Борæтæ, Æхсæртæггатæ æмæ Алæгатæ. Борæтæ уыдысты фæрныг, мулкæй хъæздыг, Алæгатæ уыдысты лæгæй хорз, Æхсæртæггатæ уыдысты хъæбатыр мыггаг. Æртæ Нартæн сæ хистæр уыдис Уæрхæг. Уымæй райдыдтой Нарт. НАРТЫ ФÆТКЪУЫ Нартæн сæ цæхæрадоны задис иу фæткъуы бæлас: йæ дидин- джытæ-иу æрттывтой æрвыгау, æмæ йыл задис иунæг фæткъуы. Фæткъуы уыдис сыгъзæрин, зынгау æрттывдтытæ калдта. Æмæ уыдис æлутоны хос адæмæн: иу адзал не здæхта фæстæмæ, уый- йеддæмæ цы хъæдгом нæ дзæбæх кодта, цы низæй нæ ирвæзын кодта, ахæм нæ уыдис. ’ Бон-изæрмæ-иу арæгъæд ис уыцы фæткъуы, æхсæв та-иу æй цыдæр адавта. Æмæ йæ хъахъхъæдтой радыгай Нарт, æмæ йæ ничи фæрæзта бахъахъхъæнын. Уæд иубон æрзылдис Уæрхæгæн йæ рад. Æрбасидтис йæ фырт- тæм: Уæрхæг, Æхсар æмæ Æхсæртæгмæ, æмæ сын загъта: — Ай уын фæндаггаг. Ацæут, мæ хуртæ, æмæ уæ цæхæрадон бахъахъхъæнут, кæннод райсом Æртæ Нарты хæдзарæн лæгæй æрбацæудзысты æмæ уæ иуæн йæ сæр ракæндзысты, иннæмæн — йæ цонг æмæ сæ дыууæ михыл æрсадздзысты, æмæ Æртæ Нарты ’хсæн дзæгъæлæй баззайдзынæн, æнæ дарæгæй. Цæхæрадон уыдис саджы сыкъатæй бæрзонд æхгæд — маргъ æрбатæхæн дæр æм нæ уыд. Лæппутæ загътой: — Ма тæрс, нæ фыд, мах ацæудзыстæм æмæ бæлас бахъахъ- хъæндзыстæм! Уæрхæг сын загъта: — Цæугæ бæргæ акæндзыстут, фæлæ тæрсын, фæстæмæ куы нæуал æрцæуат — куы нæ йæ бафæразат бахъахъхъæнын. Æхсар æмæ Æхсæртæг араст сты цæхæрадонмæ, цæхæрадоны астæу диссаджы фæткъуы бæласы бын æрбадтысты. Æхсæвæр куы бахордтой, уæд кæстæр æфсымæр — Æхсæртæг, загъта Æхсарæн: — Æрхуысс уал, Æхсар, радыгай хъахъхъæнæм — æмбисæх- сæвмæ ды бафынæй кæн, уырдыгæй бонмæ та — æз. Æхсар сразы ис æмæ ’рхуыссыди, æмæ бафынæй ис. Æмби- сæхсæв фехъал ис æмæ дзуры Æхсæртæгмæ: — Хуыцау мын æй ныббарæд — æгæр афынæй дæн. Æхсæртæг æм фæстæмæ дзуры: 5
— Нырма æмбисæхсæв нæу æмæ уал хуысс. Хуыссæгхъæлдзæг лæппу та ’рхуыссыд фæстæмæ æмæ та афы- нæй ис. Æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ куыд хицæн кодтой, афтæ цæхæрадонмæ ’рбатахтысты æртæ маргъы. Æхсæртæг бады, йæ фат æмæ йе ’рдын йæ къухы, афтæмæй. Кæсы, æмæ æвиппайды бæлас ныррухс и, æмæ йыл бады æртæ ’хсинæджы. Фæткъуымæ куыддæр фæцæйæвнæлдтой, афтæ сæ Æхсæртæг фехста, æмæ атахтысты, æрмæст сæ иуæн йæ туджы ’ртæхтæ ’ркалдысты зæхмæ. Æхсæртæг райхъал кодта Æхсары æмæ йын загъта: — Æхсинæг фæцæф кодтон фæткъуы бæласыл, æмæ мын цæ- фæй атахти. Мæнæ кæсыс йæ туджы ’ртæхтæм! Куы фæцæф ис, уæд ныллæджыты атахтис, æмæ мæнæн йæ тугвæдыл æнæ цæугæ нæй. Кæнæ йæ хъуамæ æрцахсон, кæнæ йæ фæдыл хъуамæ амæ- лон, æндæр гæнæн мын нæй. Æрбамбырд кодта туджы ’ртæхтæ, батыхта сæ зæлдаг кæл- мæрзæны. Кæлмæрзæн йæ фæснахы атьыста æмæ, куы ’рбабон ис, уæд загъта Æхсарæн: — Æз ныр цæуын маргъы тугвæды фæдыл, æмæ цы зæгъыс? Æхсар ын загъта: — Æз дæр цæуын, ды кæдæм цæуай, уырдæм. Араст сты ’фсымæртæ æмæ цæуынц тугвæдыл, æмæ сæ уый бахаста денджызы былмæ. Уым фæд денджызы бынмæ ныххызтис. Æхсæртæг загъта Æхсарæн: — Æз цæуын денджызы бынмæ, ды мæм ам, денджызы был, æнхъæлмæ кæс, æмæ, кæд денджыз сырх фынк хæсса, уæд-иу нæ хæдзармæ аздæх — мæнæй дын пайда нал ис; кæд урс фынк хæсса, уæд мæм-иу афæдзы бонмæ банхъæлмæ кæс. — Хорз, — загъта Æхсар æмæ баззад денджызы был. Æхсæртæг та йæ дзаумæттæ ’рбатымбыл кодта æмæ ныффар- дæг ис денджызы бынмæ. ДЗЕРАССÆ-РÆСУГЪД Æхсæртæг денджызы бын Донбеттырты хæдзармæ бафтыд. Хæдзар та ахæм хæдзар уыд, æмæ йæ къултæ æргъæу, йæ бын — цъæх авг, йæ сæр — сæууон стъалы. Хæдзары бадынц авд æфсымæры, сæ уæле — сæ дыууæ хойы, — амæй ай рæсугъддæртæ, сæ сæры хил сыгъзæринау æрттивы. — Фарн уæ хæдзары æмæ уæ райсом хорз! — загъта Æхсæр- тæг, хæдзармæ куы бахызти, уæд. — Хорз дæ хай уæд! — зæгъгæ, йын загътой уыдон дæр æмæ сыстадысты, авд æфсымæры æмæ сæ дыууæ хойы, æмæ ’рбадын кодтой Æхсæртæджы; æрбадтысты сæхæдæг дæр авд æфсымæ- ры, æртæйæ — Æхсæртæгæн йæ уæллаг фарс, цыппарæй та — йæ дæллаг фарс. Чысыл куы абадтысты, уæд æфсымæртæ бакасты- сты Æхсæртæгмæ æмæ йын загътой: — Дæ хуызæн уазæг нæм нæ цæугæ ’ркодта, нæдæр нæм цæугæ 6
’ркæндзæн, æмæ дыл бацин кæнын бæргæ хъæуы, фæлæ мастыл стæм. — Хуыцау уын маст ма зæгъæд, фæлæ цæуыл маст кæнут? — бафарста сæ Æхсæртæг. Уыдон ын загътой: — Æртæ хойы нын уыди æмæ сæ фыдбылызæн сахуыр сты Нарты цæхæрадонмæ. Уым иу бæласыл сыгъзæрин фæткъуы за- дис: бон-иу арæгъæд ис, æхсæв та-иу сын æй радавта нæ хо Дзе- рассæ, æхсинæджы хуызы-иу бацыд, афтæмæй. Бæргæ йын дзырд- там: «Нартмæ фыдуаг фæсивæд ис, уыдонæй арвыл цъиу атæхын дæр нæ уæнды — ма цу фæткъуымæ». Фæлæ нæм нæ байхъуыс- та. Нарты Æхсар æмæ Æхсæртæг кæрæдзийы кæрдтыл бафтæнт, — ныр уыдон хъахъхъæдтой фæткъуы бæлас æмæ йæ фæцæф код- той. ! Уыцы рæстæджы уатæй райхъуысти хъæрзын. Æхсæртæг ба- фарста: — Кæй хъæрзын у уый? — Гъеуый, кæмæй дын зæгъæм, уый у — нæ хо Дзерассæ. — Æмæ йын ницы хос и? — афарста æфсымæрты Æхсæртæг. Æмæ йын уыдон загътой: — Бæргæ йын ис хос. — Æмæ йын цы хос ис? — Йæ туджы ’ртæхтæ — уыдон сты йæ хос; уыдон куы ’рæм- бырд кæнай æмæ йыл сæ куы бафу кæнай, уæд фервæздзæн, кæннод ын фервæзæн нал ис. — Æмæ йæ чи сдзæбæх кæна, уымæн цы хорз ракæндзыстут? — бафарста сæ Æхсæртæг. — Уыцы лæгæн æй раттиккам нæ уарзон хо Дзерассæйы — Хуыцау æй уымæн саккаг кодта. — Уæдæ æз дæн Нарты Уæрхæджы фырт Æхсæртæг, йæ ту- джы ’ртæхтæ мæнмæ сты, цæвгæ’дæр æй æз ныккодтон, дзæбæх дæр æй æз скæндзынæн. Цæут æмæ йæ ардæм ракæнут! Æфсымæрты цæсгæмттæ ныррухс сты. Кæм ма уыдис кæрон сæ цинæн! Æмæ зæгъынц Æхсæртæгæн: — Чызг уæззау рынчын у, дæумæ рацæуынæн нæу, фæлæ йæм мидæмæ уатмæ бахиз. Бацыд лæппу рынчыны размæ. Чызг сынтæджы хуыссы, йæ сыгъзæрин дзыккутæ зæхмæ зæу-зæу кæнынц, йæ цæсгомæй ху- дынц хуртæ, йæ дæллагхъуырæй кæсынц мæйтæ; разылд Æхсæр- тæджы ’рдæм. Уæд Æхсæртæг бахудти йæ мидбылты фырцинæй æмæ фел- вæста йæ фæснахæй зæлдаг кæлмæрзæны тыхтæй чызджы ту- джы ’ртæхтæ æмæ йыл сæ бафу кодта. Дзерассæ-рæсугъд, цы уыдис, уымæй авд ахæмы хуыздæр фестади. Фараст боны æмæ фараст æхсæвы чындзæхсæв фæкодтой Æхсæртæг æмæ Донбеттырты чызгæн. Арвыл хур æмæ мæйау фидыдтой иумæ Дзерассæ æмæ Æхсæртæг. Фæцардысты уым 7
бонтæ ’мæ къуыритæ, стæй иубон æрæнкъард ис Æхсæртæг — Æхсары æрæмысыд — æмæ загъта: — Мæнæн ам цæрын нал æмбæлы, — хъуамæ сагурон ме ’фсы- мæры æмæ фæцæуон мæ хæдзармæ. Дзерассæ дæр бацин кодта: — Кæд дын хæдзар ис, уæд цæуылнæ цæуæм, махæн ам бадын нал æмбæлы. Ныллæууыдысты цæуыны къахыл. Æмæ курдиат сахат йæ сæры хил аивæзта Дзерассæ, æмæ сæ дыууæ дæр фестадысты æргъæуон бæзджын кæсæгтæ æмæ рараст сты фурды бынæй фур- ды сæрмæ. Æхсар уæдмæ цуан кодта, сарæзта фурды былыл тар хъæды сырддзæрмттæй мусонг æмæ æнхъæлмæ касти йе, ’фсымæрмæ. Уæд иубон кæсы, æмæ денджыз урс танхъа хæссы. Сцин кодта Æхсар, ме ’фсымæр хъæлдзæгæй ссæуы, зæгъгæ, æмæ йæхины- мæры афæнд кодта: «Цон æмæ цуаны ауайон, кæд æмæ исты амарин йе ссыдмæ». Æмæ ацыдис цуаны. . * * * Уыцы рæстæджы Нарты Уæрхæг тынг маст кæнын байдыдта, мæ фырттæ цы фесты, куы никуыцæйуал мæм зынынц, зæгъгæ. Бонæй-бонмæ йæ мæт бадомдта, басаста йын йæ уæнгон тых. Уæд Нарты фæсивæдæн тынг æхсызгон уыдис, кæй никуы- цæйуал зындысты Уæрхæджы фырттæ, уый, уымæн æмæ сын Æхсар æмæ Æхсæртæг бар нал лæвæрдтой, кодтой сыл тых. Рай- дыдтой Уæрхæджы зæронд сæрæй хъазын Нарты фæсивæд æмæ йæ скодтой фыдæнæн рæгъаугæс Нартæн... Уæрхæг дæр фырмæстæй дард фæтæры Нарты рæгъау æмæ сæ денджызы бакалы, куы та сæ фезгъалы къæдзæхы рындзæй. Къорд бонты Уæрхæг рæгъаудонæй нал цыд Нарты хъæумæ, — йæ къах æй’нал хаста йæ фыртты мæтæй. * * * Æхсæртæг æмæ Дзерассæ ссыдысты денджызæй æмæ ден- джызы был Æхсары мусонг ауыдтой. Бацыдысты йæм. Æхсар — цуаны, мусонг — дзæгъæл. Дзерассæ мусонджы дуарæй куы ба- каст, уæд йæ цæсгомы рухсæй мусонг афтæ рæсугъд уыд, æмæ загъта: — Цалынмæ ацы мусонджы бадынæй бафсæдон, уалынмæ ар- дыгæй нæ ацæудзынæн! Æхсæртæг æм дзуры: — Уæдæ уал бад ам, — æз ме ’фсымæры рацагурон. Æмæ араст и Æхсæртæг Æхсары агурæг. Уалынмæ Æхсар йæхæдæг æрцыди йæ мусонгмæ — фæиппæрд сты кæрæдзийæ дыууæ ’фсымæры... . ■ .. 8
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ СОХЪХЪЫР УÆЙЫГ Иуахæмы Уырызмæг уыдис балцы. Уыцы рæстæджы-иу Æртæ Нарты фæсивæд æрæмбырд сты Нарты Ныхасы æмæ-иу сæхими- дæг тæрхон кæнын байдыдтой, хуыздæр сæм чи у, ууыл. «Цымæ нæм лæг хуыздæр, ус хуыздæр чи уыдзæнис?» ■— алыбон дæр-иу сæм æрцыдис ахæм ныхас. Фæлæ нæ фидыдтой: æппын чи ницæ- мæн бæззыдис, уый дæр-иу загъта: «Æз уæ хуыздæр дæн!» Куы нæ ’мæ куы нæ фидыдтой, уæд сын Сатана загъта: — Уæртæ Къармæгонмæ бацæут, зæронд ус у, æмæ йæ бафæр- сут: уый уын раиртасдзæнис уæ хуыздæры ’мæ уæ фыддæры.' Фæцыдысты Къармæгонмæ æмæ йæ ’рбахуыдтой Ныхасмæ. — Къармæгон, иу хъуыддагæй дæ фæрсдзыстæм, æмæ нын æй раст зæгъ, — загътой Нарты фæсивæд. — Уæ Хуыцауы тыххæй, ныууадзут мæ, Нарты хъалтæ! Æз цы зонын? — загъта Къармæгон. — Нæ дæ ныууадздзыстæм, цалынмæ нын зæгъай, Нарты æхсæн лæг хуыздæр, ус хуыздæр чи у? Къармæгон сыл йæ цæст ахаста æмæ загъта: — Хорз адæм стут, тыхджын адæм стут, уæ къухы бафтæд хорздзинæдтæ, фæлæ уæм кæсын, æмæ уæ хуыздæртæ ам не сты. — Чи сты, уæддæр, нæ хуыздæртæ, уый нын зæгъ! — ныллæу- уыдысты Нарты фæсивæд. — Лæг хуыздæр — Уырызмæг, ус хуыздæр та — Сатана, — загъта сын Къармæгон, куынæуал æмæ йæ куынæуал уагьтой, уæд. Зæронд усы сæ быны ракодтой Нарты хъалтæ — æххæсгæ йæм чи кодта, уыдон æй нæмгæ кодтой, чи йæм не ’ххæсти, уыдон та зæхх надтой, афтæмæй йæ ныцъцъæл, ныммур кодтой. Йæ дыккаг бон Уырызмæг æрцыди йæ балцæй, æмæ йын Са- тана хъаст кæны: — Знон Æртæ Нарты фæсивæд Къармæгоны æрбахуыдтой æмæ йæ ныцъцъæл, ныммур кодтой. Уырызмæг мæстæйдзагæй араст ис æмæ бацыдис Къармæгонмæ. Фæрсы Къармæгоны: — Цы кодтай, Къармæгон? — Фыдбон сæ хай фæуæд Нарты хъалтæн! — загъта йын Къар- мæгон. — Ам мæм знон æрбацыдысты, бахуыдтой мæ Ныхасмæ æмæ мæ фæрсынц: «Нарты хъæуы лæг хуыздæр, ус хуыздæр чи У?» Æз сын загътон: «Лæг хуыздæр — Уырызмæг, ус хуыздæр та — Сатана». Уыдон мæ сæ быны ракодтой æмæ мæ ныцъцъæл, ным- мур кодтой. Æрбаздæхтис Уырызмæг йæ хæдзармæ. Дыккаг бон райсо- мæй раджы фестадис, фæдзырдта фидиуæгмæ æмæ йын загъта: — Цæугæ æмæ ныхъхъæр кæн Æртæ Нартыл, æз Сау хохыл фос федтон, æмæ лæг чи у, уый рацæуæд мемæ фос кæнынмæ, фæстаг бон афтæ куыд ничи зæгъа, æз дзы цæуылнæ фæдæн, зæгъгæ. Ныхъхъæр кодта фидиуæг дæр Æртæ Нартыл: 9
— Уырызмæг Сау хохыл фос федта æмæ, лæг чи у, уый рацæ- уæд йемæ фос кæнынмæ, чи нæ рацæуа, уыдонæй-иу афтæ мачи зæгъæд, æз дзы цæуылнæ фæдæн, зæгъгæ! Араст сты Æртæ Нарты фæсивæд, Уырызмæг сæ разæй, аф- тæмæй Сау хохмæ фос фæкæнынмæ. Къармæгон æхсæвы æртæ мыдамæсты ракодта æмæ скуывта: «Хуыцæутты Хуыцау, ме сфæлдисæг Хуыцау, залты мит æмæ ’нусы цъити кæм ныууары æмæ уыцы Нарты хъалтæн сæ лæг хуыздæр кæм рабæрæг вæййы!» Æхсæв-бонмæ уарын байдыдта. Ныууарыди ахæм мит, æмæ æппындæр акæсæн нал уыди. Нарты адæм сæ цыды кой кæнынц уæддæр. Урс денджызы былтыл сæ ахуыдта Уырызмæг, Сау ден- джызы былтыл сæ уæлæмæ схуыдта, æмæ сæ ничи схæццæ ис Сау хохмæ: фæндæгтыл баззадысты æмæ ма тыхтæй-фыдтæй сæ хæдзæрттæ ссардтой. Иунæгæй ссыд Уырызмæг Сау хохы рæбынмæ. Уырдыгæй скаст уæлæмæ æмæ суыдта хохыл стыр фосы дзуг. Ссыди фосмæ, кæсы, æмæ семæ иунæг цæу, æндæр сын никуыдæр гæс, никуы- дæр бынат бæрæг. Фосæй дæр уыдысты æнахуыр фос: фыстæ — уæнгуыты йæстæ, цæу та — раст теуайы йас. «Адонæй мæхицæн иу далыс æхсæвæрæн куы ныргæвдин», — загъта Уырызмæг йæхицæн, фæлæбурдта æмæ иу далысы къа- хыл фæхæст и. Далыс æй йæ фæдыл фæралас-балас кодта, йæ былтæ йын дуртыл фæхоста, фæлæ йын уæддæр аирвæзти. «Цæй, гæнæн щей, — загъта Уырызмæг, — цæуон сæ фæдыл, искуы кæд уаид сæ бынат». Æризæр и. Фос рацыдысты, стыр цæу сæ разæй, афтæмæй; Уырызмæг дæр цæуы сæ фæстæ. Уалынмæ кæсы, æмæ иу стыр лæгæтмæ бацыдысты. Уый дæр сæ фæстæ бацыдис лæгæтмæ. Куыддæр фос фæмидæгæй сты æмæ æрæнцадысты, афтæ сохъхъыр уæйыг, æхситтытæгæнгæ, йæ уæхскыл къала бæлас, афтæмæй æрбацыди. Бæлас зæххыл ныццавта, æмæ, цырагъæн æгæр ставд, æндзарæнтæн та æгæр лыстæг, ахæм пырх ныццис. Уырызмæг уæйыджы куы ауыдта, уæд бæргæ фæтарстис, фæлæ ма йын цы гæнæн уыдис! Йæхи фæхъæбæр кодта æмæ йæм дзуры: — Де ’зæр хорз! — Æгас цу, хæххон дзигло! — дзуапп ын радта уæйыг. — Цы Хуыцау дæ æрхаста ардæм? — Хæтæг лæг дæн æмæ ардæм æрбафгыдгæн, — загьта Уырызмæг. Уæйыг иу стыр къæй лæгæты дуарыл æрбафæлдæхта, йæхæ- дæг арт скодта. Стæй къахахсæн райста, равнæлдта дзы æмæ иу фыс рацахста. Фысы æрбаргæвста, раст дыууæ ’мбисы йæ акодта æмæ йæ афтæмæй уæларт аджы бафтыдта. Цалынмæ уый фыхтис, уæдмæ уæйыг йæхи арты фарсмæ уæлгоммæ ауагъта, æмæ йæ хуыр-хуыр ссыдис — афынæй ис. Уырызмæг бады. Æхсæвæр куы сцæттæ ис, уæд та райхъал ис уæйыг, сыстадис æмæ аг райста уæлартæй æмæ фысæн йæ иу æрдæг йæхицæн æрæвæрдта, иннæ ’рдæг Уырызмæгæн, æмæ йæм дзуры: 10
— Ахæр, уазæг! Бахордтой æхсæвæр, уæдæ цы, æмæ йын Уырызмæг арфæ ракодта. Райсомæй раджы уæйыг лæгæты дуары къæй рафæлдæхта, йæхæдæг дуарыл хæлиу ныллæууыд æмæ дзуры цæумæ: — Бодзо, аскъæр фос, дзæбæх сæ фæхиз æмæ сæ изæры бæ- рæгæй æрыскъæр. Фос йæ сагæхты ’хсæнты рауагъта, сæ разæй дынджыр цæу, афтæмæй, æмæ сæ банымадта. Иууылдæр куы феддæдуар сты, уæд йæхæдæг дæр рацыдис æмæ та къæй фæстæмæ лæгæты дуа- рыл бафæлдæхта. Уырызмæг мидæгæй баззадис; бон-изæрмæ фæцархайдта къæй рафæлдахыныл, фæлæ йын змæлын дæр нæ бакуымдта. Куы баизæр ис, уæд уæйыг йæ фосимæ ’рбацыди, лæгæты дуары къæй рафæлдæхта, фос мидæмæ бауагъта æмæ та къæй дуарыл æрбафæлдæхта. — Уазæг иу æхсæв уазæг вæййы, — дзуры уæйыг Уырыз- мæгмæ. — Ахсæв æхсæвæр кæнын дæу бар у, æмæ нын æхсæвæр куыд скæнай, афтæ! — Æмæ дын цæмæй скæнон æхсæвæр, куы ницы мæм ис, уæд? — загъта Уырызмæг. — Уæдæ мæхæдæг скæндзынæн æхсæвæр, — загъта уæйыг æмæ райста хæд-зилгæ дыкъухыг уæхст, Уырызмæгæн æй цæр- дудæй йæ дыууæ уæраджы стъыста æмæ йæ арты фарсмæ æрсагъ- та; йæхæдæг, — цалынмæ уый физонæг кæна, уæдмæ аулæфон, зæгъгæ, — йæхи уæлгоммæ ауагъта, æмæ уайтагъддæр йæ хуыр- хуыр ссыдис. Уырызмæг дæр уый куы базыдта, уæйыг афынæй нс, зæгъгæ, уæд йæ къах тъæрмæ фæбыцæу кодта, йæ къухтæй та уæларт рæхысыл фæхæст ис, афтæмæй æрдæгарыдтытæй йæхи тыхтæй-амæлттæй уæхстæй рафтыдта. Стæй уæхст сырх зынг скодта æмæ йæ афтæмæй фынæй уæйыджы дзæбæх цæсты ацавта. Ныййах кодта уæйыг, фестадис æмæ Уырызмæджы агуры. Уырызмæг дæр йæ разы кæм бадтаид! Уайтагъд фосы астæу сми- дæг ис æмæ уым йæхи æрæмбæхста. Уæйыг дæр æй кæм тызмæ- гæй, кæм лæгъзæй йæхимæ сайы, фæлæ йын æппындæр ком нæ дæтты Уырызмæг. Ахсынмæ дæр æй бæргæ рахъавы куырм уæ- йыг, фæлæ йыл нæ хæст кæны. Куы бафæлладис, уæд æрæнцад æмæ лæгъзæй дзуры Уырызмæгмæ: — Ныр мæнæн уæддæр цард фенæн нал ис. Фæлæ мæ тых æмæ мæ амонд сты мæнæ ацы къухдарæны, æмæ йæ дæ къухыл куы бакæнай, уæд дæу фæуыдзысты, — æмæ аппæрста къухда- рæн зæхмæ. Уырызмæг дæр цингæнгæ къухдарæн зæххæй куы фелвасид æмæ йæ йе ’нгуылдзыл куы бакæнид. Къухдарæн «мæнæ и!», «мæнæ и!» кæнын байдыдта. Уæйыг дæр багæпп кодта æмæ Уырызмæджы — иуырдæм сургæ, иннæрдæм сургæ; уый дæр йæ разæй лæгæты къуымты ралидз-балидз кæны. Къухдарæн уæд- дæр «мæнæ и!», «мæнæ и!» кæны. 11
Куыд Хуыцау хорзгæнæг, афтæ Уырызмæгæн йæ разы фæци фæрæт. Фелвæста Уырызмæг фæрæт, йе ’нгуылдз къуыдырыл авæрдта æмæ йæ фæрæтæй æркъуырдта, — дæ фыдгул афтæ, — æнгуылдз йæ рæбыныл атæхын кодта, йæхæдæг та лидзынмæ фæци. Æнгуылдзыл та уæддæр къухдарæн «мæнæ и!», «мæнæ и!» кæны, æппындæр не ’нцайы. Уæйыг æнгуылдзмæ бауадис, фæ- лæбурдта æмæ къуыдырыл фæхæст ис æмæ йæ фæнык фестын кодта, стæй фелвæста æнгуылдз æмæ йæ фырмæстæй æд къухда- рæн аныхъуырдта. Йæ бон куы базыдта, уæд ныссабыр ис уæйыг æмæ дзуры Уырызмæгмæ: — Додой мын дæ сæр кæны, кæдæм мын ирвæздзынæ, мæ сагæхты ’хсæнты дæ нæ хъæудзæнис æддæмæ цæуын?! Байдыдта хъуыды кæнын Уырызмæг, уæдæ цы амалæй аир- вæзон ацы фыдбылызæй, зæгъгæ, æмæ та йын æрхъуыды кодта хиндзинад. Уæйыг куы ныффынæй ис, уæд Уырызмæг Бодзо-цæуы æрбар- гæвста æмæ йæ мæхæлыстыгъд акодта, йæ сыкъатæ дæр ын йæ цармыл ныууагъта, афтæмæй. Сæумæрайсом цæудзарм йæ уæлæ æркодта. Уæйыг дæр та фос хизынмæ уадзын афон лæгæты дуар байгом кодта, хæлиу та ныллæууыди дуарыл æмæ дзуры цæумæ. — Рацу, Бодзо, дæ фæхъхъау фæуон, аскъæр та хизынмæ дæ фос æмæ та сæ изæры, афоныл, фæстæмæ бæрæгæй æрыскъæр! Уырызмæг дæр цæудзармы мидæг фосы разæй рараст ис. Уæйыгмæ куы рахæццæ ис, уæд йæ сыкъатæ фæхъил кодта; уæ- йыг дæр æй уырзæй бæргæ æрысгæрста, фæлæ йæ нæ базыдта, афтæмæй уæйыджы сагæхты ’хсæнты феддæдуар ис Уырызмæг. Иннæ фос дæр Уырызмæджы фæдыл кæрæдзийы фæстæ рарæгъ сты, æмæ сæ банымадта уæйыг. Фос иууылдæр куы феддæдуар сты, уæд Уырызмæг цæудзарм аппæрста æмæ фæстæмæ уæйыгмæ бадзырдта: — Гъеныр уым «Бодзо!» «Бодзо!» кæн, куырм хæрæг! Ацы фосæй ды цы ницыуал фенай, де ’ннæ фæллойæ дæр æндæр ма- цыуал фен! Куырм уæйыг дæр ма бæргæ рагæпп кодта, фæлæ йæ фырмæс- тæй, лæгæты раз был ис, уый нал ахъуыды кодта, асхъиудта уырдыгæй æмæ ныххæррæгъ ис. Уырызмæг уæйыджы фосы дзуг йæ разæй ракодта æмæ йæ ’ртардта Нарты стыр хъæумæ; æрхæццæ ис йæ хæдзармæ йæ фосы кондимæ. Фæсидтис фидиуæгмæ æмæ йæ ныхъхъæр кæ- нын кодта, уыцы бон Уырызмæгимæ чи рацыдис, уыдон райсом æрæмбырд уæнт, æмæ фосы конд байуарæм, зæгъгæ. Æрбахо- нын кодта Къармæгоны дæр. Сæумæрайсом æрæмбырд сты Нарты адæм æмæ фос уарын байдыдтой. Уырызмæг дзы иу хай уæлдай скодта. Кæрæдзимæ бакастысты Нарт, ацы уæлдай хай ма кæмæн у, зæгъгæ. 12
Исын байдыдтой хæйттæ. Иу хай ма дзы баззади уæлдай, æмæ Уырызмæг дзуры Къармæгонмæ: — Мæнæ дæуæн дæр хай, Къармæгон, кæй дæ бафхæрдтой, уый тыххæй! Къармæгон дæр райста хай æмæ, уæдæ адонæн мацы зæгъон, зæгьгæ, дзуры: — Гъеныр уын нæ загътон, уæ хуыздæр Уырызмæг у, зæгъгæ! Басастысты Нарты хъал фæсивæд дæр, Уырызмæг æцæг сæ хуыздæр кæй у, ууыл. БÆГÆНЫ КУЫД ФÆЗЫНДИ Уæд, дын, цъиу бæласыл куы абадти, Уым хуымæллæг куы ратыдта, Æртæ гагайы дзы ахордта. Уырдыгæй, дын, куы ратахти, Хуртуаныл куы абадти, Зады нæмыг, дын, фелвæста. Зады нæмыг куы ахордта, Зæхмæ, дын, куы ахаудта, Ратул-батул. куы байдыдта. Нарты Уырызмæг æй куы ауыдта, Сатанамæ йæ куы бахаста. Мæнæуы цæстмæ йæ бахæссы, Мæнæуы цæсты йæ куы нывæры. Сæрæй исгæ ’мæ бынæй ахадгæ куы фæвæййы. Цъиу, дын, уым куы æрчъицы. Сатана йыл сагъæс куы байдайы, Уырызмæджы лæмбынæг куы æрфæрсы; Уый йын хъуыддаг куы радзуры... — Ныр бæгæны цæмæй кæнгæ у? — Сау бæгæны — хъæбæр хорæй. — Йе ’нтуан та цæмæй кæнгæ у? — Нарты Сатанайы бафæрсут. — Æхсæры къутæрыл — бур хуымæллæг, Йе ’нтуан та уымæй вæййы. ,; — Рахæсс нын, Сатана, сау бæгæны, Ракув нын дзы, Нарты Уырызмæг! Дзæбæх бонтæ дзы фендзыстæм, , Дзæбæх зарджытæ йыл куы кæндзыстæм. СОСЛАНЫ РАЙГУЫРД ÆМÆ ЙÆ БАЙСÆРЫН Иубон Нарты Сатана стыр доны былыл гæрстæ ’хсадта, йæ уæлæ цыбыр куырæт, афтæмæй. Донæн йæ иннæ фарс та йæ фосы дзуг хызта иу фыййау. Сатана уыйбæрц рæсугъд уыди, уыйбæрц урс уыди йæ буар, æмæ йæ фыййау куы ауыдта, уæд 13
æм йæ зæрдæ бахъазыдис, дурыл йæхи æруагъта æмæ фехсинаг ис. Сатана уый фæхъуыды кодта æмæ йын йæ бонтæ нымайын байдыдта. Йæ афон куы ’рцыди, уæд Сатана Нарты лæппутæй иукъор- ды йемæ акодта æмæ сæ уыцы дур халыныл сифтыгъта. Дурæн йæ хуылфмæ куы бахæстæг сты, уæд Сатана лæппуты рарвыста, йæхæдæг дуры хуылф бакъæртт кодта æмæ дзы лæппу райста. Рахаста Сатана лæппуйы æмæ йæ байдыдта хъомыл кæнын, ном та йыл сæвæрдта Сослан. Сослан куы фæдынджыр ис, уæд иуахæмы дзуры Сатанамæ: — Мæнæн кæй хæрын кæнут, уый иу куыдзæн хæрын кæнут, æмæ ма уын уый уæ къæсæр уæддæр хъахъхъæндзæн. Нæ бамбæрста Сатана Сосланы ныхас. Цас рацыдаид, чи зоны, фæлæ та йын ноджы дыккаг хатт зæгъы Сослан: — Мæнæн кæй дæттут, уый иу куыдзæн дæттут, æмæ уын уæ къæсæр хъахъхъæна! — Цæмæн афтæ зæгъыс? — фæрсы йæ Сатана. — Æз адæймагæн не сбæздзынæн, — загьта Сослан, — бирæгъы ’хсыры мæ Куырдалæгонæн куы нæ байсæрын кæнат, уæд. Фервыста Сатана Куырдалæгонмæ. Нарт æмхæрд, æмнуæзт уыдысты дауджытимæ, æрцыдис Куырдалæгон Сатанайы хуындмæ. — Афтæ æмæ афтæ, Сосланы байсæрын хъæуы бирæгъы ’хсы- ры, — загъта йын Сатана. Райдыдта аразын кæнын Сосланæн йе ’мдæргъ æмæ йе ’муæрх бæлæгъ Куырдалæгон. Нарты фыдбылыз Гæтæджы фырт Сырдон хъуыддаг бамбæр- ста, æруайы бæлæгъаразæджы рæзты æмæ дзуры: — Уе ’гæр калат, Нарты адæм, ныр бæлæгъ кæмæн аразы, уый зоны, афтæмæй йæ цыппар æнгуылдзы даргъдæр кæны! Бæлæгъаразæг дæр фæдзæгъæл ис æмæ бæлæгъ цыппар æнгуылдзы цыбырдæр фæкодта. — Ныр сæрын хъæуы лæппуйы, — загъта Куырдалæгон Сата- найæн, — æмæ сæдæ голладжы тулдз æвзалы æмæ сæдæ гæбæты бирæгъы ’хсыр сцæттæ кæн. Тулдз æвзалы уайтагъддæр сæдæ голладжы æрцæттæ кæнын кодта Сатана, фæлæ бирæгъы ’хсырæн амал нæ ары. Куы ницы амал ын ардта, уæд Уырызмæгмæ дзуры: — Сæдæ гæбæты дзаг мын бирæгъы ’хсыр самал кæн! — Æмæ цы ’гъдауæй самал кæнон? — фæрсы йæ Уырызмæг. — Цы ’гъдауæй, уый дын мæхæдæг зæгъдзынæн, — загъта Сатана. — Зæгъ мын æй, уæдæ. Авд фæндаджы астæу мусонг скæн. Æз дæм уырдæм æрвит- дзынæн адæмы, æмæ дæм кæйдæриддæр æрвитон, стæй дæм æнæуи дæр чидæриддæр æмæ цыдæриддæр æфта, уыдон-иу дзæ- бæх бахынц æмæ сын-иу зæгъ, бирæгьы ’хсыр мæ хъæуы, зæгъгæ. Ацыди Уырызмæг æмæ авд фæндаджы астæу йæхицæн мусонг 14
скодта. Сатана йæм уырдæм æрвитын байдыдта алы хæринаджы дзæбæх. Чи-иу æм бафтыд, уыдоны-иу хорз федта, фæлæ-иу афтæ кæмæн загъта, бирæгъы ’хсыр мæ хъæуы, зæгъгæ, уый та-иу фæ- джихау ис æмæ-иу йæхинымæры загъта, Уырызмæг сæрра ис, зæгьгæ. Бады Уырызмæг авд фæндаджы астæу мусонджы, йæ къухы ницы ’фты. Уæд иубон йæ рæзты æрбауадис Силæм сыдæй мæлгæ. Уырызмæг куыдзмæ фæдзырдта æмæ йæ хорз федта. — Ам цы архайыс? — фæрсы йæ куыдз. — Бирæгъы ’хсыр мæ хъæуы, — дзуапп ын радта Уырызмæг, — æмæ уый тыххæй ам бадын. — Иннабонæй-иннабонмæ мæ хорз схæсс, цы хæринагæй мæ фæнда, ахæм хæринагæй, æмæ дын æз самал кæндзынæн бирæгъы ’хсыр, — загъта куыдз. — Хорз, — загъта Уырызмæг æмæ ’рвитын байдыдта Сата- намæ, куыдз дзы цы хæринæгтæ агуырдта, ахæм хæринæгтæм. «Гъеныр сæмбæлдтæн, кæй агуырдтон, ууыл», — загъта йæхи- цæн Сатана æмæ ’рвыста куыдзæн, цы хæринæгтæ агуырдта, уыдон. Иннабонæй-иннабонмæ хорз схаста куыдзы Уырызмæг, стæй йын куыдз загъта: — Гъеныр фидар кæрт сбий. Уырызмæг фидар кæрт сбыдта. Куыдз хъæдмæ фæцыди æмæ гадза бирæгъы балтæ ’ртардта уыцы кæртмæ, байдзаг æй кодта бирæгъæй. — Дуцгæ, Уырызмæг, ныр!— дзуры йæм куыдз. — Æмæ куыд дуцон, — загъта Уырызмæг, — куы мæ аргæвд- дзысты бирæгътæ! Уæд Силæм бацыди, иу бирæгъæн йæ бæрзæйыл ныххæцыд æмæ йæ раласта æддæмæ, Уырызмæгмæ. Уырызмæг дæр бирæгъы æрдыгъта, йæ сæдæ гæбæты байдзаг сты бирæгъы ’хсырæй. Куы ’рбахастой Сатанамæ ’хсыр, уæд Сосланыл иу ададжы æвзалытæ ныккалдтой æмæ йыл сæдæ куынцæй дымын байдыдтой. Бирæ йыл куы фæдымдтой, уæд Сатана Куырдалæгонмæ дзуры: — Бакæс-ма йæм, худын байдыдта æви нæма? Куырдалæгон дæр æм бакаст, фæлæ лæппу худын нæма бай- дыдта. Ноджы йыл тынгдæр байдыдтой дымын. Бирæ та йыл куы фæдымдтой, уæд та йæм ногæй бакастис Куырдалæгон, æмæ лæппу худын байдыдта. Уæд бирæгъы ’хсыр бæлæгъы ауагътой. Куырдалæгон Сосла- ны цæхæрæй райста æмæ йæ бæлæгъы æхсыры мидæг нысхуыс- та. Бæлæгъ цыппар æнгуылдзы цыбырдæр кæй уыди, уый тых- хæй дзы Сосланæн адаргъгæнæн нæ уыди йе ’мбæрц, æмæ йæ уæрджытæ бæлæгъы къæдзæй баззадысты. Бирæгъы ’хсыр уæрджыты сæртæ нæ бамбæрзта, æмæ уыйа- дыл æнæсæрыдæй баззадысты. Сослан фестади сыгъдæг болат, æрмæст йæ уæрджыты сæртæ баззадысты фæлмæнæй. 15
СОСЛАН - ТЫХАГУР Нарты фæсивæд æмгуыппæй Хъазæн фæзы æрæмбырд сты. Стыр симд самадтой уыцы ран. Сосланæй хуыздæр ничи сарæхсти симынмæ Нарты фæсивæдæй. Зæххыл куыд арæхсти, фæсивæды уæхсчытыл дæр афтæ арæхсти Нарты сгуыхт Сослан. — Цæйут, ныр та нæ фæттæ бавзарæм! — загътой Нарты фæ- сивæд, бирæ куы фæсимдтой, уæд. Мысан æрæвæрдтой, æхсынтæ байдыдтой. Нарты фæсивæдæй цæуылнæ разындаид рæстдзæ- винтæ, фæлæ дзы Сосланы хуызæн иу дæр нæ фесгуыхт фатæй: уыциу ран æмбæлдис йæ фат алы æхстæн дæр. Чысыл фалдæр, фурды был, ривæд кодтой фос. — Æххæст-ма бавзарæм нæ тых дæр, — загьтой Нарты фæси- вæд. — Цомут фурды былмæ! — Бацыдысты Нарты фæсивæд фур- ды былмæ. Уым-иу хъомы рæгъауæй раластой æнæхост уæны- джы; фæсивæдæй-иу ын исчи йæ сыкъатыл ныххæцыдаид æмæ-иу æй фехстаид фурды сæрты, иннæ фарсмæ нæ кæмæн бахауа, зæгъгæ. Уыцы æвзæрст фæкодтой сæхи, фæлæ дзы иуы бон дæр нæ баци уæныг фурды фаллаг фарсмæ фехсын. Уæд Сослан, рæгъауы стырдæр уæныг нал уыди, ахæмы сыкъа- тыл ныххæцыд æмæ йæ фехста фурды сæрты — уæныг фурды иннæ фарс сæмбæлд. Басаста Хъазæн фæзы Нарты фæсивæды Сослан. Уæлдай сгуыхтыл банымадта йæхи Нарты фæсивæды ’хсæн; адæм дæр æй æмбисондæн хастой, Сосланæй тыхджын- дæр лæг никуы уыдзæни, зæгъгæ. «Нарты бæсты мæ тых кæимæ авзарон, ахæм дзы нал ис, — загъта Сослан йæхицæн, Хъазæн фæзæй сæ хæдзармæ куы ’рцы- дис, уæд, — баздæхон æмæ тыхагур ахæтон бæстæтыл». Барæвдз кодта алцыппæтæй дæр йæхи Сослан æмæ иурайсом раджы араст ис тыхагур. Цæуынтæ байдыдта, цæуынтæ. Цæйбæрц фæцыди, чи зоны, фæлæ фæстагмæ иу стыр фурды былмæ бафтыд. «А фурды былтыл саразон мæхи, — дзуры йæхинымæры Сослан, — кæд æмæ искæуыл сæмбæлин». Араст ис фурды былтыл дæ- лæмæ. Цæуы. Иубон кæсы, æмæ доны былты иу кæсагахсæг æрбацæуы, йе ’нгуыры хъæд — æнæхъæн бæлас, йе ’нгуыры къæ- дзыл та уытъыры бæсты ’нæхъæн фысы мард ауыгъд. Амбæл- дысты кæрæдзийыл. — Байрай! — дзуры Сослан кæсагахсæгмæ. — Æгас цу, уазæг! — дзуапп ын радта кæсагахсæг. — Кæцæй фæдæ? — Æз агурын мæхицæй тыхджындæры, — загъта Сослан, — æмæ, куыд кæсын, афтæмæй дæуæй тыхджындæрыл нал сæм- бæлдзынæн. •-....• — ;Æз ницы, — загъта кæсагахсæг, — фæлæ ам дæлæмæ ацу дон-дон, уым, дæлдæр, мæ хистæр æфсымæр кæсаг ахсы, уый — мæнæй тыхджындæр. Араст та ис Сослан дон-дон Дарддæр. Ныххæццæ та ис иу 16
кæсагахсæгмæ. Уымæн йе ’нгуыры къæдзыл та уытъыры бæсты хъуджы мард ауыгъд. — Байрай, кæсагахсæг! — дзуры йæм Сослан. — Æгас цу, уазæг! — дзуапп ын радта кæсагахсæг. — Кæдæм уайыс? Цы агурыс? • — Æз дæн мæхицæй тыхджындæрты агурæг, æмæ, куыд уынын, афтæмæй дæуæй тыхджындæрыл нал сæмбæлдзынæн,— дзуапп ын радта Сослан. — Æз ницы, фæлæ дæлæ дæлдæр ныууай, æмæ уым мæ’хис- тæр æфсымæр кæсаг ахсы, — мæнæй тыхджындæр. Дарддæр та ацыди Сослан æмæ ныххæццæ ис æртыккаг кæсаг- ахсæгмæ. Уымæн йе ’нгуыры хъæд — ноджыдæр стырдæр бæла- сæй, йе ’нгуыры къæдзыл та — æнæхъæн галы мард. — Байрай! — дзуры та Сослан уымæ дæр. — Æгас цу, æгас! Кæцæй фæдæ, хорз лæг? — фæрсы йæ кæсаг- ахсæг. " — Тыхагур дæн æмæ мæхицæй тыхджындæры агурын, — загъ- та Сослан. — Куыд кæсын, афтæмæй дæуæй тыхджындæрыл нал фембæлдзынæн. — Ацу уал нæхимæ, стæй изæры фендзыстæм, — загъта кæсаг- ахсæг æмæ йын бацамыдта фæндаг сæ хæдзармæ. Сослан дон-дон ацыди æмæ хæдзармæ ныццыди. Хæдзармæ бацыди, æмæ дзы иу ус бады. — Дæ бон хорз уа, мæ мады хай! — дзуры Сослан усмæ. — «Мæ мады хай», зæгъгæ, мын куы нæ загътаис, уæд дæ мæ дæндæгты згæтæ бæргæ айсæрстаин, — загъта ус, — фæлæ ныр мæ уазæг дæ, æмæ æгас фæхæт! Кæцæй цæуыс æмæ цы агурыс? — Æз цæуын Нарты бæстæй, — загъта Сослан,— рацыдтæн тыхагур. Нæ бæсты мæнæй тыхджындæр нæ разынд, æмæ уый зæрдæйæ рацыдтæн мæ тых бавзарынмæ. — Гъе-гъи! Кой дæр æй мауал скæн; мæ фырттæ кæсаг ах- сынмæ сты, изæры сæ ардæм хъæуы, æмæ дæ куыддæр ам æрбаййафой, афтæ дæ, Нæртон лæг, стæгдар дæр нал баззай- дзæн: ахæрдзысты дæ. Мæнæ уал исты ахæр, дæ фæллад суадз, стæй дын исты мадзал скæндзынæн, цæмæй дæ мæ фырттæй ба- иргъæвон, уымæн. Фынг ын ацарæзта, фæлæ ма цанæбæрæг бахордтаид Сослан! Хæрды фæстæ йæ ус сасиры бын амбæхста. Сослан сасирыл схæц- схæц фæкодта, фæлæ йæ фезмæлын кæнын дæр нæ бафæрæзта. Изæры æртæ ’фсымæры ’рцыдысты сæ хæдзармæ æмæ сæ мадмæ дзурынц: — Абон ардæм иу хæххон цъиу куы рарвыстам, æрдав-ма нын æй, æмæ дзы нæ дæндæгтæ асхъауæм, рагæй нал фæхъæстæ стæм адæймаджы фыдæй. — Мæнæ уал исты ахæрут, уый дæр уын никуыдæм аирвæз- дзæн: сæумæ аходæнæн уын æй уæртæ сасиры бын æркодтон. Æхсæвæр сын ахæрын кодта æмæ сæ схуыссын кодта. Лæппутæ 2 Ирон лнтерлтурæ сывæллæттæн 17
куы афынæй сты, уæд мад сасиры бынæй Сосланы систа æмæ йæ дуармæ рахаста, фæндагыл æй бафтыдта æмæ йын загьта: — Цу, æмæ ма кæд дæ къæхты фæрцы аирвæзай, кæннод дын фервæзæн нал ис. Æхсæв-бонмæ уайын байдыдта Сослан. Лæппутæ куы райхъал сты, уæд базыдтой, сæ уазæг кæй алыгъд, уый, æмæ йæ фæсте сурын байдыдтой. Сослан лидзы, уæдæ цы! Иу ран быдыры ауыдта иу бæлццо- ны. Фæстæмæ фæкасти, æмæ йæ ’ртæ уæйыджы ’рбасурынц. Со- слан тынгдæр уайын байдыдта æмæ бæлццоны баййæфта. Кæсы, æмæ бæлццонæн йæ иу цонг хауд; хæстæгдæр æм бацыд, æмæ йæ цæстытæй дæр иу йæ уæлæ нæй. Уый уыди уæйыг. — У-у, æз де уазæг мæрдты дæр æмæ уæлæуыл дæр, — дзуры Сослан уæйыгмæ, — куыддæр мæ ’рбаййафой, афтæ сæфын! — Хуыцауы уазæг у, мæнæн дæр дын мæ бон цы уа, уый бакæндзынæн, — загъта уæйыг. Сосланы йæ дзыхы баппæрста æмæ йæ йæ дæлæвзаг бамбæхста. Уалынджы æрбахæццæ сты æртæ ’фсымæры дæр æмæ иу- дзонгон уæйыгмæ дзурынц: — Ам нæ хæххон цъиу цы фæци, нæ йæ федтай? — Ам хæххон цъиу нæй, — дзуапп сын радта иудзонгон уæйыг, — сымахмæ мæ не ’вдæлы, ауадзут мæ мæ фæндагыл. — Тагъд нын ратт нæ хæххон дзиглойы, намæ дæу дæр дзæ- бæхæй нал ауадздзыстæм!— бауырдыг æм сты æртæ ’фсымæры. — Уæ фæндагыл цæут, æндæра мæнæй фос нæ фæкæндзыс- тут!— дзуры та сæм иудзонгон уæйыг. Æртæ ’фсымæры иудзонгон уæйыгыл сæхи ныццавтой. — Уæдæ уæ тæригъæд уæхи! — загъта иудзонгон уæйыг, æртæ ’фсымæрмæ фæлæбурдта, рацахста сæ æмæ сæ равæрдта йæ быны. Сосланы йæ дæлæвзагæй раппæрста ’мæ йæм дзуры: — Мæнæ мæ агъды фарсыл иу æрду ис, гъеуый мын ратон, æмæ сæ уымæй ныббæттон. — Сослан ныххæцыди æрдуйыл, райваз-райваз æй кæны, æмæ йын нæ комы ратонын. Йæ астæуыл æй æртæ тыхты ’рбакодга бæндæнау, ахæстытæ йыл кодта ’мæ йын ницы бакодта уæддæр атонынæн. — Кардæй йæ алыг кæн! — дзуры йæм уæйыг. Сослан иу къухæй æрдуйыл хæцы, иннæмæй цирхъыл æмæ йæ афтæмæй æрриуыгъта: цирхъы ком йæ цæгаты хуызæн фæци, фæлæ æрдуйы нæ алыг кодта. Уæд иудзонгон уæйыг æртæ ’фсы- мæры æрæууæрста ’мæ сыл æрæнцой кодта йæ уæрагæй, йæхæ- дæг йæ къухæй авнæлдта фæстæмæ, æрду ратыдта ’мæ сæ уымæй æрбаста. Æртæ ’фсымæры змæлгæ дæр нал скодтой. Сæ бон ба- зыдтой æмæ лæгъстæ кæнын байдыдтой: — Суадз нæ, нæ хæдзармæ нæ ауадз, ницыуал дæ бацагурдзыстæм. Райхæлдта сын уæд сæ баст æмæ сæ ауагъта сæ хæдзармæ. Сослан æмæ нудзонгон уæйыг араст сты сæ фæндагыл. Цæуынц, цæуынц, æмæ иудзонгон уæйыг фæрсы Сосланы: 18
— Кæм хаттæ æмæ цы агуырдтай балцы уыцы иунæгæй? — Æз дæн Нарты Сослан. Тыхагур рацыдтæн нæ бæстæй. Иубон Нарты фæсивæд æвзæрстой фурды был сæ тых — фурды сæрты уæныг фехсыныл фæлвæрдтам, æмæ ’рмæст мæнæн бантыст уæныг фурдæн йæ иу былæй йе ’ннæмæ фехсын. Фервæссыдтæн уыйа- дыл æз мæхиуыл æмæ рараст дæн нæ хæдзарæй мæ тых æвза- рынмæ; цы раны бафтыдтæн, уый та федтай дæхæдæг. Арфæйаг у, дæу руаджы ма раирвæзтæн, æндæра Нарты хъæуы нал æрлæу- уыдаин мæ къахæй. — Сослан, мах бæстæйы, мæй кæуыл рацæуы, уыцы сабитæ дæр æхсынц фурды сæрты цыфæнды стыр галты, фæлæ уæддæр афтæ ныфсхаст не стæм, — загъта иудзонгон уæйыг. — Мæхицæй дын æрхæсдзынæн æмбисонд. Мах уыдыстæм авд æфсымæры; æфсымæртæн æз — сæ кæстæр, нæ фыд дæр ма уыд саджы хуы- зæн. Иуахæмы стæры ацыдыстæм. Фæхаттыстæм иукъорд боны, фæлæ ницæуыл амбæлдыстæм. Иубон ныл фæссихор мигъ æрбадт, æмæ райдыдта сæлфынæг кæнын. Мах астæй æд бæхтæ агурæм бынат. Кæсæм, æмæ иу ран — лæгæт. Бацыдыстæм лæгæтмæ, нæхи дзы æруагътам. Чысыл фæстæдæр кæсæм, æмæ иу фыййау йæ фосы къорд æрбатæры лæгæты рæзты; фыдæбойнаг фæуæд, нæл сæгъ махырдæм фездæхт æмæ нæ лæгæтыл хафын байдыдта йæхи. Лæгæт æнцад нал кодта: авдæнау дыууæрдæм сси. Бæхы сæры стæг разынд нæ лæгæт. Фыййау «дзæгъæс!» «дзæгъæс!» кæны сæгъæн, фæлæ, бæгуы, читт дæр нæ кæны сæгъ, хафы йæхи. Уæд фыййау смæсты ис, уыциу скъæрд æрбакодта йæхи махырдæм. Сæгъ лидзæг фæци, фæлæ фыййау йæ лæдзæг цæсты хуынчъы асагъта, сæры кæхц фелвæста æмæ йæ фехста. Сæры кæхц фæтахти æмæ фыдæбойнаг сæгъы сыкъатыл ныппырх ис. Бæхæй, лæгæй фæхæлиу стæм, уæдæ цы уыдаид! Фыййау махмæ фæци. Фæмард ис мæ фыд, мард фесты ме ’хсæз æфсымæры, мæнæн ма æрмæст атыдта мæ къабаз æмæ мæ ууыл ныууагъта. Мæ цæст та схаудта лæдзæджы бырынкъæй, сæры кæхцы йæ куы ацавта, уæд. Уый та дын мах хъуыддæгтæ. Уæдæй ардæм никуыуал ахаттæн æз тыхагур, стæй мæ, чи уарзы æмæ кæй уар- зын, уыдонæн дæр фæдзæхстон æмæ фæдзæхсын, цæмæй тыха- гур ма цæуой. Ацу, мæ хур, ды дæр æмæ-иу афтæ макуыуал зæгъ, мæхицæй тыхджындæр никуы уыдзæни, зæгъгæ. Иудзонгон сæ хъæумæ ссыди, Нарты Сослан дæр афардæг ис дарддæр йæ фæндагыл сæхимæ. СОСЛАН САТАНАЙЫ ЗЫНДОНЫ ЦАДÆЙ КУЫД ФЕРВÆЗЫН КОДТА Иуахæмы Сослан дард балцы цæуын сфæнд кодта æмæ араст ис Хурыскæсæнырдæм. Йæ мигъæмдзу æмæ уадæмдых бæх æй арвæй зæххы астæуты фескъæфы. Нартæй чидæртæ Сосланмæ мæсты уыдысты. Хъуыды кæнын 19
байдыдтой, йæ зæрдæ йын тынгдæр цæмæй фæриссын кæнæм, цы фыд ын скæнæм, зæгъгæ, æмæ сæ фæнд ууыл ахицæн ис: «Йæ мад Сатанайы йын цæрдудæй мæрдтæм барвитæм — зындоны цады йæ баппарæм». Барвыстой Сатанамæ: «Абон — майрæмбон, иннæ майрæмбоны дын цæрдудæй зындоны цады æнæ ныппаргæ нæй, æмæ дæм тæригъæдæй цы ис, уыдоныл уæдмæ фæкув». Куыд нæ бауынгæг уыдаид Сатанайæн йæ зæрдæ. Нырдиаг кодта, йæ цæстысыг ставд цæппузырæй нызгъæлдта. Хъуыды кæнын байдыдта Сатана, ме ’нæныййаргæ лæппу Сосланæн цы амалæй фехъусын кæнон, зæгъгæ. Мадзалджын дæр куыд нæ уыди! Æртæ мыдамæсты ракодта, доны былмæ ныццыди æмæ, Сослан цы дурæй райгуырдис, уыцы дурыл сбадти. СкуывтаСатана: «Хуыцау, ахæм маргъ ратæхын кæн, æмæ мын Сосланмæ мæ ныхас чи фæхæццæ кæна!» Бады, æнхъæлмæ кæсы. Уалынмæ иу хъæрццыгъа æрбатæхы йæ сæрты. Сатана дзуры хъæрццыгъамæ: ( — Уæ, уæлæ хъæрццыгъа, Сосланмæ мын Хурыскæсæнмæ фæдисхъæргæнæг куы фæуис, дæ мады дын де знæгтæ цæрду- дæй мæрдтæм æрвитынвæнд скодтой æмæ тагъд æрбахæццæ у, зæгъгæ, уæд дын стыр лæвар ракæнин. , — Ноджы фыддæр фыдтæ куы уынид Сослан! Алы ком, алы адаг сырды мардæй байдзаг кæны, уæддæр ма мæ холы хæргæйæ æхсгæ фæкæны, — загъта хъæрццыгъа æмæ атахтис. Уалынмæ ’рбатахти йæ сæрты хъуахъгæнгæ халон. Сатана та уымæ дæр мæлгъæвзагæй дзуры: — Гъæйтт, ставдбæрзæй сау халон, Хурыскæсæнмæ мын сынт- хъæргæнæг æмæ халонуасæг куы фæцæуис Сосланмæ, дæ мады дын зындоны цады æппарынц, зæгьгæ, уæд дын, мыггагмæ дæ зæрдыл кæй фæдарай, ахæм лæвар ракæнин. — Куыннæ дын фæцæудзынæн, Сатана, сынтхъæргæнæг æмæ халонуасæг, дæ фырт Сослан комы дзаг сырдтæ куы ныццæгъ- ды, уæд мын уыдонæй никуы ницы ныууадзы ’мæ! — загъта ха- лон. — Фыддæр фыдтæ ма дын куы уынин! — Хауæггаг фæу, — ралгьыста йæ Сатана, æмæ халон атахтис. Бады Сатана, кæуы, кæй ма фервитон фæдисхъæргæнæг, зæгъ- гæ, катайы бацыд. Уалынмæ нарæгбæрзæй дзæгъындзæг йæ разы абадт æмæ цъыррыкк-цъыррыкк кæны. Сатана та уымæ дæр дзуры: — Сослан Хурыскæсæнырдыгæй ис, æмæ мын æм фæдис- хъæргæнæг куы фæуис, дæ мады дын цæрдудæй зындоны цады æппарынц, зæгъгæ, уæд дын стыр лæвар ракæнин. — Сосланæн мæ цæст уый фена! — загъта дзæгъындзæг. — Дæхæдæг дæр ма йæ хъуыды кæндзынæ, дæ кæркдонæй дын карчы айк куы раскъæфтон, уæд мæ уисойæ куыд ныххафт лас- та, уый. Никæд мæ ферох уыдзæнис уый мæ дунейыл дæр, тых- хæй ма дзы аирвæзтæн. 20
Уæд Сатанайы раз ныцъцъыбар-цъыбур кодта зæрватыкк. — Цы кæныс, мæ ирвæзынгæнæг, цæуыл кæуыс? — дзуры зæрватыкк Сатанамæ. — Цæуыл ма дын кæуон, — загъта Сатана, — не знæгтæ мæ майрæмбоны зындоны цады удæгасæй æппарынц; ме ’нæныййаргæ фырт дард балцы ис, æмæ мæ сæрыл дзурæг нæй. — Кæд дæ мæ сæр истæмæн хъæуы?— дзуры йæм зæрва- тыкк.— Иухатт мын мæ цъиуты гæдыйы дзыхæй куы байстай, æхсыры цады сæ куы цынадтай, афтæмæй сæ мæ ахстоны куы нывæрдтай, уый ма мæ зæрдыл лæууы. — Уæдæ мын Сослан Хурыскæсæны афæдзбалцы ис, æмæ мын æм фæдисхъæргæнæг куы фæцæуис, дæ мады дын де знæгтæ зындоны цады æппарынц майрæмбоны, æмæ мæм тагъд фæзын, зæгъгæ. — Уæ, номдзыд Сатана, æз дæуæн фæдисхъæргæнæг куыннæ фæуыдзынæн! Æз куыд ферох кæндзынæн, хорз Сатана, дæуæн дæ дзæбæхдзинæдтæ, — загъта зæрватыкк, — фæлæ мыл куы нæ ’ууæнда, уæд ын цы кæндзынæн? ,... Сатана йæ къухдарæн фелвæста æмæ йæ зæрватыччы хъуы- рыл бакодта. Айтыгьта уæд зæрватыкк йæ базыртæ æмæ тæхынтæ байдыд^ та Хурыскæсæнмæ. Авд къуыри æмæ авд бонмæ Нарты Сослан йæ мигъæмдзу бæхыл кæдæм фæхæццæ ис, уырдæм зæрватыкк Бонвæрноны скастмæ фæхæццæ ис. Иу ран, пыхсбыны, Сослан цъæх нæууыл хуыссы йæхицæн æнæмæтæй. Зæрватыкк ын ссардта йæ бынат. Бæласы цъуппыл абадтис æмæ уырдыгæй мин æвзагæй ныууасыди: — Гъæйгг, Нарты номдзыд нæрæмон Сослан, дæхицæн цъæх кæрдæгыл цы дзæбæх хуыссыс! Дæ уарзон мад Сатанайы дын май- рæмбоны де знæгтæ удæгасæй зындоны цады æппаргæ куы кæнынц æмæ уый йæ цæстысыгтæ цæппузырæй куы калы, хуры тынмæ æнхъæлмæгæсæгау дæ фæзынынмæ æнхъæлмæ куы кæсы! Сослан æм дзуры: — Адæмы лымæн зæрватыкк, дæ ныхас дын æмбарын, фæлæ дыл цæмæй баууæндон? Зæрватыкк йæ хъуырæй Сатанайы къухдарæн фелвæста æмæ йæм æй æрæппæрста. Куыд нæ базыдтаид Сослан йæ мады къух- дарæн! Йæ мигъæмдзу æмæ уадæмдых бæхыл уыциу æппæрст йæхи бакодта æмæ фæцагайдта уырдыгæй. Цас рауади, Хуыцау зоны, афтæ кæсы, æмæ иу ран фæндагыл иу мæгуыр лæг ныф- фæлдæхтис æмæ уæлæмæ стын нал фæразы. — Гъæйгг, Нарты Сослан, æз де уазæг! — дзуры лæг Сосланмæ. Сослан æм йæ бæхæй æргæпп ласта æмæ йæ фæрсы: — Цы кæныс, цы дæ хъæуы? Цæмæй дын баххуыс кæнон? — Стонгæй мæлын æмæ мæ фервæзын кæ, — загъта лæг. Сосланмæ, тагъд куыд кодта, уымæ гæсгæ хæринагæй ницы фæцис, фæлæ йæ сæрмæ не ’рхаста стонг лæджы зæфцы фыдæй 21
мæлынмæ ныууадзын — хъæды фæмидæг ис æмæ дзы уайтагъд саджы мард рахæццæ кодта лæгæн. Арт ын акодта, стæй йын хæрзбон загъта. Мæгуыр лæг дæр ын раарфæ кодта, уæдæ цы. Йæ бæх ныццæлхъытæ ласта Сослан æмæ уайын байдыдта йæ фæндагыл. Цæйбæрц та ауадис, чи зоны, фæлæ та кæсы, æмæ иу цæргæс йæ дзæмбыты сывæллон рахæссы. Сослан фат фелвæста æмæ фехста цæргæсы. Цæргæс æд сывæллон донмæ æрхаудис. Ра- гæпп ласта Сослан йæ бæхæй æмæ сывæллоны донæй райста æмæ йæ йемæ рахаста. Хъæугæрон сывæллоны мады, йæхи тыдта, афтæмæй баййæфта. Йæ сывæллоны йын радта. Мад ын раарфæ кодта, мæгуыр сидзæргæс ус дæн, иунæг ацы сывæллон мын ис, æмæ мын æй ды фервæзын кодтай, зæгъгæ. Цæуын та байдыдта Сослан дарддæр йæ фæндагыл. Бахæццæ ис Нарты хъæумæ, фæлæ йын æгæр байрæджы ис: йæ бацыдмæ йын йæ мады цæрдудæй зындоны цады ныппæрстой. Бæргæ ма багæпп кодта йæ фæстæ Сослан, фæлæ ницыуал, нал æй ссардта. Раздæхтис фæстæмæ цадæй Сослан æмæ йæ хæ- рæмтты карз бафхæрдта. Уыйфæстæ, мæрдты Барастырæй ракурон, кæд мын мæ мады фæстæмæ раттид, зæгъгæ, араст ис мæрдты бæстæм. Мæрдты дуармæ бацыдис æмæ дуар бахоста. Мæрдты Барастыр æм йæхæдæг рацыд, æмæ дзы Сослан йæ мады курын байдыдта. Барастыр ын загъта: — Тæригъæдджын хъуыддæгтæ дæр бирæ кæныс, фæлæ, дæ мадмæ фæдисы цæугæйæ, стонг лæджы адзалæй кæй фервæзын кодтай, стæй мæгуыр сидзæргæсы сывæллоны цæргæсы ныхтæй кæй байстай, уымæ гæсгæ дын дæттын дæ мады. Рауагъта Барастыр Сатанайы. Сослан æмæ Сатана фæстæмæ ссыдысы Нартмæ æмæ та цæрын байдыдтой дзæбæхæй. НАРТЫБАЛЦ Нарты гуыппырсартæ — Уырызмæг, Хæмыц, Сослан, Батрадз æмæ иннæтæ — сфæнд кодтой дард балцы ацæуын. Уæд иубон араст сты. Хъæуæй ахызтысты, афтæ æрхъуыды кодтой: «Гъей- джиди, Сырдон дæр ма немæ куы уаид^ — дард балцы цæугæйæ хъæлдзæг лæг у!» Уæд кæстæртæй иу афтæ зæгъы: — Ам мæм куы фæлæууиккат, уæд æй æз ныртæккæ ракæнин. — Фæлæудзыстæм, — зæгъгæ, йын загътой, — æрмæст тагъд цу æмæ фæстæмæ дæр тагъд фездæх. Лæппу фæстæмæ йæ бæх фæзылдта æмæ Сырдоны хæдзары дуармæ балæууыд æмæ мидæмæ дзуры: — Йе Сырдон, æддæмæ-ма ракæс, кæд ам дæ, уæд! — Мæнæ дæн, — зæгъгæ, йæм радзырдта Сырдон æмæ йæм æддæмæ рауади, æмæ йæ бафарста: 22
— Гъы, цы хорздзинад зæгъдзынæ? Хъусын дæм. — Нарты хæрзтæ хæтæны фæцæуынц, æмæ ды дæр семæ куы уаис, уый сæ фæнды. Уæд Сырдон бакатайтæ кодта æмæ æрæджиау афтæ зæгъы: — Цæмæй ацæуон семæ, бæх мын куынæ ис, уæд? — Ау, уый та куыд загътай, Сырдон? Мах бæхтæ бæхтæ не сты, уæдæ ма кæстæртæ цæмæн стæм? Кæм ды — фистæг, мах — бæхджын, кæм мах — бæхджын, ды фистæг, афтæмæй цæудзыстæм. — Хорз, — загъта Сырдон, йæ фæдджитæ æрбатымбыл кодта æмæ араст ис Нарты фæстæ балцы. Уæд иу ран Сырдон баййæф- та Нарты гуыппырсарты æмæ цæуын байдыдта фистæгæй сæ фæ- дыл. Иу-дыууæ боны куы фæцыдысты, уæд сæм Сырдон дзуры: — Цæй-ма, Нарт, бæхыл хæссинаг мæ куы уыдыстут, æмæ мæ куы ничи хæссы, фистæгæй цæуын куынæуал фæразын, уæд мын цы зæгъынмæ хъавут? Уæд ын Уырызмæг загъта дзуаппæн: — Бæх кæй хъæуы, уый йæ хъуамæ йæ хæдзарæй раластаид, уыййеддæмæ ам дæуæн чи загъта, бæхыл дæ хæсдзыстæм, зæгъгæ? — Мæнæ мын уæ кæстæр загъта, — зæгъгæ, фæкодта Сырдон, йæхимидæг мæсты кодта, афтæмæй. Ныр Нарт рæсугъд уалдзыгон цъæх кæрдæгыл хъазгæ сæ цыды кой кæнынц саргъы бæхтыл æмæ мæстæй марынц Сырдоны: чи йын йæ худ аскъæфы, чи — йæ лæдзæг, чи та йæ цуры бæхыл схъазы. Сырдон дæр йæхинымæры дзуры: «Фæлæуут, мæ бар дæр уæ бауадз, æз уын æй бафиддзынæн ацы мæстæймарын!» Бадзырдта та сæм ноджы: — Цæй-ма, бæхыл дæ хæсдзыстæм, зæгъгæ, мын куы загътат, уæд куыд у хъуыддаг? Уæд ын, чи йæ рахуыдта, уыцы кæстæр радта дзуапп: — Гæды дзырдтæ цæмæн кæныс, Сырдон, чи дын загъта, бæ- хыл дæ сæвæрдзыстæм, уый? — Ды, — зæгъгæ, фæкодта Сырдон. — Сайыс, Сырдон! Æз дын афтæ куы загътон: «Кæм ды — фис- тæг, мах — бæхджын, кæм мах — бæхджын, ды — фистæг». Ам дæлæмæ кæсын, æмæ æцæгдæр афтæ у нæ балцы хъуыддаг: ды фистæг дæ, мах бæхджын, мах бæхджын стæм, ды та — фистæг. Раст нæ ныхас куыд уыди, афтæ йæ æххæст дæр кæнæм. Уæд Сырдон бамбæрста, сайд ыл кæй æрцыдис, уый æмæ йæ сæр ныттылдта, æндæр ницыуал загъта. Иудзæвгар куы ауадысты, уæд бахæццæ сты иу стыр фурдмæ. Сырдон фурды бахизыныл катайтæ кæны. Уæд æм Уырызмæг дзуры: — Хæц, Сырдон, мæ бæхы дымæгыл, æз дæ фурды фале фæ- кæнон! Сырдон ныххæцыд Уырызмæджы бæхы дымæгыл, æмæ ба- раст кодтой фурды. Йæ тæккæ астæумæ куы бахæццæ сты, уæд Уырызмæг фæрсы Сырдоны: 23
— Къухы ныхтæ æмæ къахы ныхтæ кæм фæчындæуы? — Кæм сæ ’рæмысай, уым, — загъта Сырдон. Уæд Уырызмæг йæ бæх ныуурæдта æмæ лыг кæнын райдыд- та йæ къухы ныхтæ æмæ йæ къахы ныхтæ. Цалынмæ Уырызмæг йæ куыст кодта, уæдмæ доны фæйлауæнтæ Сырдоны расхой- басхой кодтой, уæдæ цы уыдаид! Йæ къухы ныхтæ æмæ йæ къа- хы ныхтæ конд куы фæци Уырызмæг, уæд йæ бæх æрцæфтæ кодта æмæ доны фале фæци Сырдонимæ. Бирæ та фæцыдысты, æмæ Сырдонæн йæ къахыл скæнинаг дæр ницыуал уыди. Цæуынц, æмæ иу ран Сырдон иу обауы сæрмæ схызти æмæ дзуры: — Гъей, Нарты фæсивæд, фосармæй уæ Хуыцау Нарты Уæрæх фæзмæ бауадзæд; Нарты чызджытæ уæлбылæй куы ракæсой, уæд уæ сæртæй банымайдзысты, æмæ лæг хъуаг куы уат, уæд зæгъдзысты, зæгъгæ, сæ иуы ауæй кодтой æмæ йын йæ сæрмæ фос æртардтой! Уæд Уырызмæг загъта: — Ай дæр та æцæг у. Хæссын æй бахъæудзæн. Æмæ Сырдоны радыгай сæ фæсарцты æвæрын байдыдтой. Сырдон бавдæлы æмæ, кæй фæсарц фæбады, уымæн йæ арт ам- бæхсы. Афтæмæй се ’ппæты æртытæ дæр бамбæхста. Уырыз- мæгмæ та æртæ арты уыдис. Уыдонæй иу йæ фарсыл уыди, иннæ йæ астæубосыл, аннæ та йæ саргъы бын. Уымæн дæр йе ’ртытæ бамбæхста Сырдон. Цæуынц Нарты гуыппырсартæ, æмæ сыл бон баизæр ис. Сæ улæфт уадзынмæ æмæ се ’хсæв æрвитынмæ, стæй сæ бæхты фæ- хизынмæ æрлæууыдысты иу ран. Уæд дын Уырызмæг дзуры йæ кæстæртæм: — Лæппутæ, цуаны-ма суайут, кæд нын Æфсати исты раттид, кæннод стонгæй куынæуал фæразæм! Лæппутæ ауадысты æмæ уайтагъд саджы мард æрдавтой, сугтæ æрбамбырд кодтой æмæ арт кæнынмæ куы бавнæлдтой, уæд кæ- сынц, æмæ дзы иуæн дæр йæ арт йæ фарсыл нал ис. Ныхас Уырызмæгмæ байхъуыст, нæ æртытæ ахаудысты, зæгъгæ. Уæд Уырызмæг афтæ зæгъы: — Алчи уæ йæ зонд йæ усы хъæбысы ныууадзы, афтæмæй балцы рацæут. Иугай æртыты æвджид куыд рацыдыстут, мæлæ- ты зын арæн куы нæ сты æртытæ. Мæнæн дзы иу мæнæ мæ фарсыл ис, зæгъгæ, куыд фæкодта, афтæ йæ фарсмæ февнæлдта, æмæ дзы артæн йæ кой дæр нал. Хорзау нал фæци номдзыд Уырызмæг. Февнæлдта йæ астæубосмæ, агуры арт æмæ астæубо- сыл дæр ницыуал ары. Уæд та фæсивæдмæ дзуры: — Ауайут, лæппутæ, уæртæ мæ саргъы базы иу арт ис, æмæ йæ ардæм радавут! Лæппутæ ауадысты æмæ Уырызмæгмæ йæ саргъы баз гогызы марды хуызæн тымбылтæй бадавтой, фæлæ уым дæр арт нæ ра- зындис. Уыцы афон Сырдон æрхы ныббырыд æмæ уым хæтæлы 24
хустимæ йæхи цыдæртæ архайæг скодта. Нарт сагъæсы бацыдыс- ты æмæ дзырдтой кæрæдзийæн, ныр цы кæнæм, зæгъгæ, фæлæ ницы хос ардтой. Æрæджиау Уырызмæг кæсы, æмæ иу фарсыр- дыгæй ауыдта рухсы цæст, æмæ дзуры Сырдонмæ: — Йе Сырдон, уæлæмæ рацу, æмæ дæм кæд зынг, мыййаг, ис, уæд нын арт акæн! Сырдон дæр æм дзуры: — Гъæ, уæ бон ныккалат, Нарты хъалтæ! Ныр та уын цæхæры кæфой мæ фæдджийы фистæгæй уæ фæдыл куы хæссин, уый уæ фæнды! ; — Бавдæл, уæдæ, — загъта йын Уырызмæг, — æмæ ацу, уæлæ рухс кæцæй цæуы, уырдæм, æмæ нын зынг æрхæсс! Сырдон дæр ницыуал уæлдай загъта Уырызмæджы ныхасыл. Араст ис, рухс кæцæй цыдис, уыцырдæм æмæ иучысыл куы ауади, уæд фæстæмæ ’рыздæхт æмæ гæдыныхæстæ ракодта: — Зынг раттын нæ, фæлæ ма мын æгæрыстæмæй мæ хъæрмæ дæр нæ ракастысты. Уæд Нарты кæстæртæй иу араст ис зынггур æмæ бафтыдис рухсы фæдыл авд уæйыджы хæдзармæ. Ракастысты йæм уæйгуы- тæ æмæ йыл бацин кодтой: — Мах зынггуры дуарæй не здахæм, — зæгъгæ, йын загътой æмæ йæ сæ хæдзармæ бакодтой. Уым æй фидар фæхс бандоныл æрбадын кодтой, сæхуыдтæг ын йæ быны бурæмæдз рауагътой, æмæ Нæртон гуырд бандоныл ныффидар ис æмæ сызмæлын дæр нал фæрæзта. Æрæгмæ куы цыди, уæд та Нарт сæ кæстæры хис- тæры арвыстой, æмæ та уый дæр кæстæры фæндагыл ацыдис. Æрæгмæ куы цыдысты кæстæртæ, уæд Нарты хистæртæ сæ- хуыдтæг радыгай цæуын райдыдтой, иуæй зынггур, иннæмæй та сæ кæстæрты агурæг. Фыццаг араст ис Сослан, æмæ та уый дæр кæстæрты æмбисонд баййæфта. Нал баурæдта йæхи Хæмыц дæр. Араст ис йе ’мбæлтгы агурæг, фæлæ та уый дæр фæстæмæ нал зыны. Тыхсы Уырызмæджы зæрдæ, йæхицæн бынат дæр нал ары йе ’мбæлтты мæтæй æмæ фæстагмæ араст ис сæ фæдыл. Уырызмæг дæр та бафтыд уæйгуыты хæдзармæ æмæ сæм мидæмæ бадзырдта: — Йе хæдзаронтæ, æддæмæ ма уæ исчи ракæсæд! Уæйгуытæ йæм рауадысты æмæ йын загътой: — Гъы, кæй агурыс? Кæд æмæ дæ кæстæрты, уæд уыдон дæр тагъд рацæудзысты, фæлæ сæм мидæмæ æрбахиз æмæ иу арахъ хъар- мæй баназ. Уыдонæн дæр æй артыл хъарм кæнынмæ авæрдтам, æмæ уымæн фæстиат кæнынц! Æфсæрмы ма кæн, мидæмæ нæм рацу! Уырызмæг йæхинымæры зæгъы: «Ацы фæлладæй иу арахъ куы аназин, уæд æвзæр нæ уаид!» Фæраст ис уæйгуыты хæ- дзармæ æмæ куывды бадæгау уым бадгæ баййæфта Нарты. Уырызмæгæн дзы иу дæр уæлæмæ нæ сыстад, мæстыгæнæджы каст æм ракодтой, æмæ Уырызмæг дæр сæ уæле мæсты цæф ныккодта бандоныл йæхи. Йæ быны йын бурæмæдз рауагътой, æмæ та уый дæр уым бандоныл аныхæст. Ныр сæм бакæс, уæд 25
цавддуртау бадынц фæрсæй-фæрстæм Нарты бæлццæттæ. Сæ хуыз фæлыгъдис, æмæ сæ дынджыр цæстытæй æнкъардæй кæ- сынц. Уæйгуытæн дæр се стыр аджы дон хæрдмæ пæлхъ-пæлхъ кæны — хъуамæ дзы Нарты ныккалой æмæ сæ сфыцой. Авд уæйы- джы, иу иннæмæй тынгдæр, дзæнхъайы цæстыл сæ кæрдтæ цыргъ кæнынц, æмæ сæм Нарты гуыппырсартæ куы бакæсынц, уæд сæ зæрдæ ноджы тынгдæр бауазал вæййы. Уыцы рæстæджы Сырдон бынаты арт бандзæрста, саджы мар- дæй физонджытæ скодта æмæ йæхи хорз бафсæста. Уыргтæ раф- тыдта æд фиутæ æмæ уыдон дæр сфизонæг кодта æмæ дзы иу йæ иу рихийыл æрцауыгъта, иннæ та — йе ’ннæ рихийыл, æмæ уыргтæ куы басалдысты йæ рихитыл, уæд афтæмæй араст ис уæйгуыты хæдзармæ; куы бахæццæ ис, уæд бахъæр кодта: — Цы фестут, Нарты хъалтæ! Сæрæй та уæ гуыбыны куыст куы кæнут, мæн та сау хъæды куы ныууагътат иунæгæй. Йе мæ арс куы ныттона, йе мæ бирæгътæ куы бахæрой, уымæй дæр мын нæ тæрсут? Æддæмæ дæр мæм куынæуал зынут! Уæд æм уæйгуытæ рауадысты æмæ йæм дзурынц: — Мидæмæ рацу, уазæг, æмæ семæ абад ды дæр. Сырдон дзуры уæйгуытæм: — Гъæ, уæ бонæй уат, кæд мæнæн уыдонимæ бадæн нæй. Уый- бæсты мын сæм фæдзурут, æмæ цæуæм. Фæлæ уæйгуытæ не сразы сты. Бакодтой Сырдоны сæ хæ- дзармæ. Сырдон Нарты рæгъ-рæгъы бадгæ куы федта, уæд æй бамбæрста, уыдон хуымæтæджы æнæзмæлгæ кæй не сты, уый, æмæ сæ фарсмæ бадын нал бакуымдта. Уæд та йæм уæйгуытæ дзурынц: — Сбад сæ фарсмæ ды дæр, уазæг! — Нæ, мæнæн уыдон фарсмæ бадæн нæй, фæлæ мын æнæбын хуыскъаг мигæнæны фæнык акæнут æмæ ууыл абаддзынæн; уый, æз кæуыл фæбадын, ахæм у, — загъта Сырдон. Уыдон дæр ын æнæбын хуыскъаг мигæнæны фæнык акодтой æмæ йыл бурæмæдз ауагътой. Сырдон ыл куы ’рцæйбадти, уæд æй иуырдæм фенкъуыста, æмæ фæнык æмæ бурæмæдз акалдыс- ты. Сырдон æрбадти бæстон æнæбын мигæнæныл. Уæйгуытæ фæрсынц Сыдоны: — Сымахырдыгæй кусæрттаджы нард цæмæй æвзарынц? Сырдон сын загъта: — Махырдыгæй кусæрттагыл сæ къух æрхæссынц, æмæ фæл- мæн куы вæййы, уæд уый нымайынц нарды нысаныл. Уæйгуытæ дæр дын Нарты гуыппырсарты бæрзæйтыл сæ къухтæ æруагътой æмæ сæ нардæй сгарынц. Сослан дынджыр- бæрзæйджын уыди, æмæ уæйгуытæ нарддæрæн равзæрстой уый. Ратыдтой йæ йæ бынатæй æмæ йæ фынгыл кусæрттаджы æвæрд æркодтой æргæвдынмæ. Гъа ныр Сосланыл кард æрбауадзой, афтæ Сырдон фестад æмæ фæхъæр кодта уæйгуытыл: 26
— Гъæй, бирæ хæрдæй номгæнджытæ! Цы ми кæнут?! Сæрæй та уæ гуыбыны куыст кæнут? Уæйгуытæ фæджих сты, ай куыд феуæгъд и, зæгъгæ, æмæ дзурынц Сырдонмæ: — Нæ гуыбыны куыст кæнæм, нæ гуыбыны! Уæдæ нын цы кæнын кæныс? — Адон уæм цæмæн æрцыдысты, уый нæма базыдтат, фæлæ æндæр куыстытыл фестут. — Гъы, дæ хорзæхæй, зæгъ нын, уæдæ, цæй тыххæй æрцыды- сты, уый, — дзурынц Сырдонмæ уæйгуытæ. — Уæдæ хъусут. Æгас Нарт дæр сбыцæу сты, куырды дзаума- тæй хистæр кæцы у, зæгъгæ, æмæ уæм фæрсынмæ ’рæрвыстой мæнæ сæ фæсивæды æмæ сæ хистæрты, æмæ сын бамбарын кæ- нут, куырды дзауматæй чи хистæр у, уый, — зæгъгæ, сын загъта Сырдон. Уæд уæйгуыты хистæр нал фæлæууыд æмæ загъта: — Æвæдза, куырды дзауматæн сæ хистæр хъæсдарæг у. — Нæ, куынц хистæр у, — загъта дыккаг, — куынц куы нæ уа, уæд дæ дзыхæй фу кæндзынæ? — Æртдзыскæн куы нæ уа, уæд тæвд æфсæйнагыл дæ къухæй ныххæцдзынæ? — загъта æртыккаг. Уыдон ныхæстæм мæстæй амард цыппæрæм æмæ сыл фæхъæр кодта: — Æмæ дзæбуг куы нæ уа, уæд тæвд æфсæйнаг дæ тымбыл къухæй хойдзынæ? Дзæбуг хистæр у, дзæбуг! Сырдон дæр ын йæ ныхас ацахста æмæ йæм дзуры: — Ды растдæр дæ се ’ппæтæй дæр, æмæ ма сыл мæнæ дзæбу- гæй æрцу, æмæ куырды дзауматæй чи хистæр у, уый сæхиуыл бавзарой. Уæд дзæбуг кæмæ уыд, уый ныддæлæ-уæлæ кодта æмæ дзы иуы сæр ныххафта. Уыйадыл кæрæдзиуыл ралæууыдысты уæй- гуытæ æмæ, — дæ балгъитæг афтæ! — кæрæдзийы пырх кæнынц. Йæ цæвæн-иу йæ къухæй кæмæн ахаудта, уымæн та-иу æй Сыр- дон йæ къухмæ авæрдта æмæ-иу ын загъта: — Куы дæ амардта, куыд фыдзæрдæ у де ’фсымæр! Сырдоны ныхас ноджыдæр загъд цырынæй-цырындæр кодта, цалынмæ уæйгуытæ кæрæдзийы ныццагътой, уæдмæ. Нарт ныуулæфыдысты, сæ цæстыты фæзындис рухсы цъыртт. Сырдон æмæ Сослан истой уæлартæй, уæйгуыты агæй, тæвд дон æмæ йæ Нарты бын уагътой, цалынмæ Нарт бандонæй фæхицæн сты, уæдмæ. Се ’гъдты цæрмттæ бандоныл баззадысты, æмæ бæхтыл куы сбадтысты, уæд фæйнæрдæм ныкъкъултæ сты, раст бадæн сæ нал уыд, æмæ сыл Сырдон худæгæй мардис, фæсте сæм дзырдта: — Уæ, уæ бонæй уат, Нарты хъалтæ, фырхъалæй сæ бæхтыл раст дæр нал бадынц! Нарт мæсты кодтой Сырдонмæ. Иу ран бæлас æртасын код- 27
той æмæ йæ йæ рихитæй уымæ бабастой, стæй бæлас суагътой, æмæ Сырдон бæласы цъуппыл ауыгъдæй баззад. «Гъеныр мæ раны дæн, гъе», — загъта Сырдон. Иудзæвгар фæци бæласыл ауыгъдæй, афтæ Бæлгъæйы ’лда- ры фыййау йæ бынты æхситтытæгæнгæ йæ фос æрбаскъæры. Сырдоны куы ауыдта фыййау, уæд æм бæласы сæрмæ дзуры: — Хуыцауы тыххæй, уæлæ лæг, уым цы ми кæныс? — Ам цы ми кæнын, уый дын куы зæгъон, уæд мын мæ бадæн агурдзынæ, фæлтау дæ цыды кой кæн, —’ загъта Сырдон. — Ницы дæ агурдзынæн — дæ хорзæхæй, уым цы ми кæныс, уый мын зæгъ. — Уæлæ Хуыцау мæнæу най кæны, æмæ уымæ кæсын, æндæр мæ хæринаг дæр нæ хъæуы. Ардæм кæдæй схызтæн, уæдæй нырмæ ницы бахордтон, ницы банызтон. — Хуыцауы тыххæй, æз Хуыцауы никуыма федтон, мæнæн дæр æй фенын кæн! — Нæ дын загьтон, нæ, ирон лæг кураг у! — Ратдзынæн дын дæ бынат фæстæмæ, куыддæр Хуыцауы фенон, афтæ, — басомы кодта фыййау. — Уæдæ мæнæ талатыл æрхæц, — загъта Сырдон фыййауæн. Талайыл æрхæцыди фыййау дæр æмæ йæ æртасын кодта. Зæхмæ йæ къæхтæ куы ’рхæццæ сты Сырдонæн æмæ йæ къухтæ куы феуæгъд сты, уæд йæ хъама фелвæста æмæ йæ дыууæ ри- хийы æрбалыг кодта. Лæппуйæн рихитæ нæ уыди, æмæ йын йæ топпыбос сыхæлдта, æмæ йæ таламæ йæ къæбутæй ныффидар кодта. Тала суагъта, æмæ йæ йæ сæрмæ сласта лæппуйы.. Лæппу загъта: — Зын мын у, суадз мæ, ницы уынын æппындæр. Уæд æм Сырдон афтæ дзуры: — Фæлæуу, мæ хæдзар. Цы уыдтай, уый дæр нал фендзынæ! Фыййауы топп йæ дæларм райста, фос раскъæрдта æмæ Нартмæ æрбафардæг и. Уæд Нарт дис кодтой: — Нæ сæфт фосармæй фæзынди! Уæд сын Сырдон афтæ зæгъы: — Сымах стут сæфт, æндæр сæфт кæм и? Бæлгъæйы быдыр фосæй куы байдзаг и, æнæгæс фосæй! Уыдонæй комахсæны цы аргæвда, уый чи нæ ссардзæн, — сæфт сымах стут! Райсомы Нарты фæсивæд агуыр-гуыр кодтой — чи бæхыл, чи фистæгæй. Бæлгъæйы быдырмæ ацыдысты. Бæлгъæйы æфсæдтæ та, нæ фыййау æд фос фесæфтис, зæгъгæ, уый агурынмæ рацы- дысты. Сæ кæрæдзиуыл сæмбæлдысты. Гъæ, уæдæ нын нæ фыййау æд фос сымах аластат, зæгъгæ, кæрæдзиуыл ралæууы- дысты. Кæй маргæ акодтой, кæмæн йæ бæх байстой, кæмæн йæ гæрзтæ байстой. Фæстæмæ куы ссыдысты Нарты фæсивæд, уæд, ай нын ды уыдтæ, Сырдон, зæгъгæ, рæгъаумæ ацыдысты æмæ йын йæ бæхы хæмхудтæ ныллыг кодтой. 28
Уæд уый дæр ацыди æмæ сын сæ бæхты къæдзилтæ ныллыг кодта æмæ сын сæ сæ хуылфы фæгьыста. — Уæлæ Сырдоны бæх худгæ æрбацæуы! Уæд Сырдон обауыл фæлæууыди æмæ сæм афтæ дзуры: — Уæй, йæ бæхы йæ къæдзилæй чи нæ ’рцахса, уый йæ мæрд- ты сæрыл... Алчидæр йæ бæхы кьæдзилмæ февнæлдта, æмæ йæ кьухы аззади. Уæд сæм Сырдон афтæ дзуры: — Уæ, уæ бонæй уат, уæ бонæй уат, Нарты хъалтæ! Уæртæ сын цы рæгъау старди! Фыр нæрдæй, фых фыдау, лæппырджытæ кæнынц. Бамбæрстой йæ, Сырдон та кæй уыди, уый. БАТРАДЗ ÆМÆ СОХЪХЪЫР УÆЙЫГ ÆФСÆРОНЫ ФЫРТ АЛÆФ Нарт Зилахары сарæзтой стыр симд, æмæ зæхх сæ быны рызти. Симды Нарты гуыппырсартæй иу дæр нæ уыди т нæдæр Уырызмæг, нæдæр Сослан, нæдæр Батрадз. Хохæй бынмæ Нарты симдмæ касти сохъхъыр уæйыг Æфсæ- роны хъал фырт Алæф æмæ загъта: — Цон, æмæ Нарты симдмæ ныццæуон, хорз фæсимон, фæ- хынджылæг кæнон Нарты фæсивæдæй æмæ сын сæ дзауматæ схæссон! Уыцы ныхасмæ йæм йæ фыд Æфсæрон дзуры: — Уæ, ма кæ, ма ацу, Нарты гуыппырсартæй дын исчи исты фыдбылыз сараздзæн, — уыдонæй арв нæрын куы нæ уæнды. Æз дæр дæ хуызæн хъал уыдтæн, фæлæ мыл иухатт Нарты фæси- вæд фембæлдысты; загъд сæ ракъахтон æмæ, кæсыс мæнæ, — мæ цæст мын сæппæрстой. Кæм байхъуыста лæппу йæ фыдмæ! Дыууадæс кæрдзыны йæ роны агьыста фæндаггагæн æмæ рараст ис Зилахармæ. — Хорз, — зæгъгæ, загъта фыд, — кæд дыл мæ ныхас не ’рцæуа, уæд фендзыстæм. Дзæвгар куы ’руади лæппу, уæд кæсы, æмæ иу ран хъомы рæгъау хизы. Бауади, дыууадæс хъуджы дзы радыгъта æмæ сбадти аходæн хæрыныл. Куы бахордта, уæд та дарддæр йæ фæндаджы кой кæны. Иу ран иу дынджыр тулдз бæлас æд уидæгтæ стыдта æмæ йæ йе уæхскыл авæрдта, афтæмæй Нарты симдмæ бахæццæ ис. Бахæццæ ис æмæ тулдз бæлас зæххыл нытьтьæпп ласта. Нарты фæсивæд бæласы гьæппæй фыццаг хæрдмæ фесхъиудтой, стæй сæ мидбынæтты æрбадтысты. Сохъхъыр уæйыджы фырт йæ дзы- хыдзаг ныккæл-кæл кодта. Уыйфæстæ дзуры: — Куыйты Нарт! — рацæут æмæ симæм, нæ хъару бавзарæм! Цы бон сæ уыд тарст адæмы, æрхæндæг зæрдæйæ та æрхæ- цыдысты кæрæдзийыл æмæ симынц. Бахызти симды астæумæ уæйыджы фырт æмæ, йæ зæрдæ 29
кæимæ фæзæгъы, ууыл æрхæцы æмæ симы. Симы, уæдæ цы, хъал Алæф æмæ Нарты фæсивæдæй кæмæн йæ къух бамур кæны, кæмæн йæ мæкъуыстæг фелвæсын кæны, кæмæн йæ фæрстæ бал- хъивы. Хъæрзынц Нарты фæсивæд, фæлæ сæ уæддæр кæм уа- дзы сохъхъыр уæйыджы фырт. Æризæр ис. Нарты фæсивæд сæ симд ныууагътой æмæ, ахæлиу кæнынмæ куыд хъавыдысты, афтæ сын уæйыджы фырт сæ дарæс байста, йæ дæлармы сæ акодта æмæ араст ис сæхимæ. Хохы сæрæй йæ хо фæлгæсы. Йæ цæст фæхæцыд комы йе ’фсымæрыл. Бауади чызг йæ мад æмæ йæ фыдмæ æмæ сæм дзуры: — Далæ ме ’фсымæр ссæуы æмæ мын Нарты чызджыты дзау- матæ схæссы. Сохъхъыр уæйыджы нæ уырны æмæ дзуры йæ чызгмæ: — Цу-ма, акæс, кæддæра къуылдым-къуылдым цæрдæг цыд кæны, æви адаг-адаг хъуызгæйæ ссæуы? Акастис хо — йе ’фсымæр къуылдым-къуылдым хъæлдзæгæй сыскъæры. Сохъхъыр уæйыджы нæ уырны уæддæр. Схæццæ ис лæппу æмæ сæрысхъæлæй дзуры йæ фыдмæ: — Æда, нæ мæ уагътай, фæлæ кæсыс — хорз фæсимдтон, фæ- хынджылæг кодтон мæ фаг Нарты фæсивæдæй, мæнæ дын адон та — сæ дзауматæ. Сохъхъыр уæйыг æм дзуры: — Æнхъæлдæн, саудзагъд æмæ къуыпных лæппу уым нæ уыди! — Сауæй, урсæй, къуыпныхæй, дзыхъныхæй — иууылдæр уым уыдысты Нарты фæсивæд, фæлæ мæм дзы хъыпп:сыпп ничи суæн- дыд, — загъта лæппу. — Уæ, ма кæ, мæ фырт, саудзагъд æмæ къуыпных лæппу уым нæ уыд, фæлæ ныр ныууадз, мауал сфæнд кæн уырдæм цæуын. Йæ къух ауыгъта Алæф йæ фыды дзырдтыл æмæ сæрысхъæ- лæй иннæрдæм аздæхти. Дыккаг бон дæр та раджы фестади Алæф, дыууадæс кæрдзы- ны та йæ роны атъыста æмæ та араст ис Зилахармæ. Хъоммæ та фездæхти, дыууадæс хъуджы догъимæ та кæрдзын ахордта, тулдз бæлас та ратыдта, Нарты симды та балæууыд æмæ та фыдмитæ кæнын райдыдта Нарты фæсивæдæн. Уыцы рæстæджы Хæмыцы фырт Батрадз бадти хохы сæр цъи- тийыл, цæмæй йе ’ндон уазал кодтаид, уый тыххæй. Касти уыр- дыгæй æмæ уыдта, Зилахары цытæ цæуы, уый. Алæф дыккаг хатт куы ’рцыд Зилахармæ, уæд йæхицæн хъуыды кæны Бат- радз: «Ныр дыккаг хатт хынджылæг кæны Нарты æнæрцæф фæсивæдæй сохъхъыр уæйыджы фырт. Цон, æмæ мæ тых йемæ бавзарон, æндæр амал нал ис». Цъитийы ’рдæг ратыдта, йæ сæ- рыл æй авæрдта, цæмæй ма тæвд кæна, уый тыххæй, æмæ хæх- хон цæргæсау йæхи раскъæрдта Зилахармæ. Æрхæццæ ис. Цъити йæ сæрыл тад, æмæ йæ сæры дыууæ фарсыл дæттæ згъордта. Сохъхъыр уæйыджы фырт куы бакасти Батрадзмæ, уæд йæхи- 30
нымæры загъта: «Ай, бæлвырд, мæ фыд мын кæмæй загъта, уый у — саудзагъд æмæ къуыпных». Æмæ йæ зæрдæ бауазал ис. Хæрзæгъдау уыд Хæмыцы фырт: æгас цу, зæгъгæ, загъта уæйы- джы фыртæн æмæ йын йæ къух райста. Дæ фыдгул афтæ — ба- муртæ ис хъал Алæфы къух. Уыйфæстæ йæм дзуры Батрадз: — Уазæг, куы асимиккам, уæд куыд уаид? Бæргæ æмризæджы рызти сохъхъыр уæйыджы фырт, фæлæ ма йын цы гæнæн уыд? Ныххæцыдысты. Симынц. Иукъорд зыл- ды куы акодтой, уæд Батрадз Алæфы къахыл фæлæууыд æмæ йын йæ цонг скъуырдта. Атæбæкк ис Алæфы къах, йæ цонг та æлвæсгæ фæкодта. Симд тынгæй-тынгдæр кæны. Батрадз та Алæ- фы фарс басхуыста, æмæ йæ фæрсчытæ басастысты Алæфæн. Лæгъстæ кæнын байдыдта Батрадзæн, суадз мæ, зæгъгæ. Бат- радз ма йæ араууæрд-баууæрд кодта иучысыл, карчы цъиуы куыд араууæрд-баууæрд кæнай, афтæ, стæй йæ суагъта. Ныр феуæгъд дæн, зæгъгæ, уый куы базыдта уæйыджы фырт, уæд, гъæйтт- мардзæ! — йæ син йæ фæстæ ласгæ ныййарц ис сæхимæ. Йæ хо та ракасти æмæ дзуры йæ мад æмæ йæ фыдмæ: — Далæ та ме ’фсымæр ссæуы æмæ мын Нартæн сæ сырх дзауматæ схæссы. — Ма тагъд кæн, — дзуры чызгмæ йæ фыд, — фендзынæ, цавæр сырх дзауматæ дын схæсса, уый. Цалынмæ тарсти, куы мæ расура Батрадз, зæгъгæ, уымæй, уалынмæ цæф тæрхъусы згъорд кодта уæйыджы фырт, фæлæ куы адард ис, уæд йæ бон нал уыд, æмæ афæлдæхти. Фыд дзуры йæ чызгмæ: — Цу-ма, акæс-ма йæм иу хатт: къуылдым-къуылдым цæрдæг цыд кæны æви адаг-адаг хъуызгæйæ ссæуы? Акастис хо: йе ’фсымæр ададжы дæргъæй лæууы. Бацыд чызг æмæ йæ фыдæн зæгъы: — Далæ ададжы фæлдæхтæй лæууы. Цы базонын хъуыд зæронд уæйыгæн йæ фырты хъуыддаг! Галтæ арвыста, æмæ æрдæг мардæй сластой Алæфы. — Нæ дын загътон, мæ фырт, Нартæн тыхгæнæг тых нæ ары, — бадзырдта фыд йæ фыртмæ. Йæ зæрдæ йе ’муд куы ’рцыд, уæд фæрсы йæ фыды Алæф: — Цæмæй афтæ тыхджын у Батрадз? — Уымæй, æмæ йæхи уæларв Куырдалæгоны куынцгомы бай- сæрын кодта, — дзуапп ын радта йæ фыд. — Гъæ, сохъхъыр хæрæг, æмæ мæн цæуылнæ байсæрын кодтай Куырдалæгонæн! — зæгъгæ, фæхъæр кодта йæ фыдыл Алæф. Сыс- тад æмæ араст ис уæларв Куырдалæгонмæ. Схæццæ ис æмæ дзуры: — Куырдалæгон, мæнæ дын сыгъзæрин, æмæ Батрадзы куыд байсæрдтай, афтæ мæн дæр байсæр. — Батрадз æндон уыд, фæлæ ды басудздзынæ, æмæ тæри- гъæд дæ, — зæгъы йын Куырдалæгон. 31
— Байсæр мæ, æндæр амал нæй. Куырдалæгон бирæ дзурын нæ уарзта: райста сыгъзæрин, 6а- вæрдта Алæфы куынцгомы æмæ йæм куынц сарæзта. Куыддæр æм арт бахæццæ ис Алæфмæ, афтæ йæ дзыхы дзаг ныхъхъæр кодта: — Басыгътæн, тагъддæр мæ айс, нал сæрын кæнын мæхи! Куырдалæгон æртдзысгæн радавта, фæлæбурдта уæйыджы фыртмæ, фæлæ дзы сыгъдæтты йеддæмæ ницыуал баззади. Куыр- далæгон сыгъдæттæ райста æмæ сæ æнæсдзургæйæ бырæттæм акалдта. БАТРАДЗ НАРТЫ ГУЫППЫРСАРТЫ КУЫД ФЕРВÆЗЫН КОДТА Уæд та иухатт Нарты гуыппырсартæ — Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан ацыдысты цуаны. Авд боны æмæ авд æхсæвы фæ- хаттысты æмæ сыл сырдæмбæлæг нæ фæци. Хæлцæй дæр æмæ дарæсæй дæр схъуаг сты Нарт æмæ сфæнд кодтой фæстæмæ раздæхын. Цæуынц, цæуынц, æмæсыл иу тар хъæды кæрон иу урс саг фембæлди — сæ фæндаг сын разæргæвст æркодта, афтæмæй фæлидзы. Нарт сæ номдзыд хотыхтæ фелвæстой æмæ йæ афтæмæй су- рын байдыдтой. Саг сæм æхстбæрцмæ æрлæууы, стæй та дард- дæр алидзы. Нарт дæр æй сурынц, уæдæ цы! Авд хохы æддæмæ сæ басайдта æмæ уым цыдæр æрбаци. Бон йæ бартæ суагъта, æмæ æхсæвы йæ тар къабæзтæ зæх- хыл æрытыдта. Стонг сæ хъуырмæ кæнын байдыдта Нарты. Ка- тайы бацыдысты: сæхимæ цæуой, æмæ байрæджы ис, уым лæу- уой, æмæ æхсæвæрæн цы хос скæндзысты?!. Кæсынц, æмæ, дын, иу ранæй рухс кæлы. Уыцы рухсмæ са- рæзтой Нарты гуыппырсартæ се ’ргом æмæ цæуынц. Бахæццæ сты дойнаг дурæй амад мæсыгмæ æмæ бахъæр кодтой мидæмæ. Уыцы мæсыджы кæд царди авд уæйыджы. Рауадысты хъæрмæ. Стыр цин бакодтой уæйгуытæ, хæххон дзиглотæ нæм сæхи къа- хæй æрцыдысты, зæгъгæ. Бахуыдтой Нарты сæ хæдзармæ. Уым сæ рабадын кодтой, сæхæдæг сæ цæстытæ сæ кæрæдзимæ ныкъулынц. Æртæ дзы уæхстытæ кæнынмæ фæци, иннæ цыппар та арт кæнын байдыд- той. Нарт^г гуыппырсартæ куыннæ старстаиккой, мæнæ не сæф- ты рæстæг æрцыд, зæгъгæ. Уæд Хæмыц дзуры уæйгуытæм: — Цæй, не сæфты рæстæг æрцыди, уый базыдтам, фæлæ ма нын уæддæр ныззарыны бар раттут — Нарт кæддæриддæр сæ мæлæты рæстæджы заргæ фæкæнынц. Уæйгуытæ хъæрæй ныххудтысты, сæ бинаг былтæ кæфæйт- ты хуызæн ныйисты. — Заргæут, хæххон дзиглотæ, уæддæр уæ хæргæ кæндзыс- тæм, — зæгъгæ, дзурынц Нартмæ. 32
Нарт сæ тых-сæ бонæй ныззарыдысты, æмæ сын уæларвмæ сæ зарыны хъæр фехъуыста Нарты болат Батрадз. Уыциу æхст раласта йæхи; хохыл сæмбæлди, æмæ йе ’ндоны зæлангæй кæмт- тæ, хъæдтæ æмæ быдыртæ ныййазæлыдысты. Нарт бамбæрстой, Батрадз кæй фæзынди, уый æмæ æмхуызо- нæй ныххудтысты. ’ — Худут, худут, хæххон дзиглотæ, — зæгъгæ, сæм дзурынц уæйгуытæ. : . Гъа ныр уæхстытыл бакæнæм Нарты, зæгъгæ, куыд загътой сæхинымæры уæйгуытæ, афтæ сæ мæсыджы фарс æрбакалди, æмæ дзы æрбагæпп кодта Хæмыцы фырт болат Батрадз. Тымбыл къухæй ралæууыд уæйгуытыл. Кæй дзы нырриуыгъы, уый йæ къах атилыны бон дæр нал фæвæййы, афтæмæй йæ уд фелвасы. Бынцагъд сын ныккодта, уæдæ цы! Ракодта Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сосланы, дунейы сырдтæ сын ныццагъта æмæ сæ стыр ци- нимæ рарвыста Нартмæ. Йæхæдæг та фæстæмæ уæларвмæ сфардæг ис. . БАТРАДЗ ÆМÆ НАРТЫ УАЦАМОНГÆ Нартæн се стырдæр хæзнатæй иу уыди Уацамонгæ. Уымæ ахæм миниуæг уыд, æмæ, æвæдза, адæймаг йе сгуыхтдзинæдты тых- хæй æцæгтæ дзуры, уæд-иу æнæвналгæйæ йæхи систа æмæ-иу адæймаджы дзыхы размæ бацыд, на ’мæ-иу йæ бынатæй змæлгæ дæр нæ фæкодтаид. . Иуахæмы та Нарт бадтысты æмæ сæ Уацамонгæйы сæ разы æрæвæрдтой, къуымæлæй йедзаг, афтæмæй. Æмæ алыхуызон тау- рæгътæ кæнын байдыдтой сæ лæгдзинæдты тыххæй. Сæ иу загъта: æз афтæ дæр бакодтон æмæ уфтæ дæр, æз уым æмæ уым фесгуыхтæн; иннæ дæр — афтæ, аннæ дæр — афтæ. Фæлæ кæсынц, æмæ Уацамонгæ йæ бынатæй змæлгæ дæр нæ кæны. Батрадз æнцад-æнцой бады æмæ хъусы! Иууылдæр куы фесты дзырд, уæд Батрадз фестад æмæ ехсы хъæдæй Уацамонгæйы бахоста: — Цуаны уыдтæн; фæцæйцыдтæн иу суангыл æмæ изæры дау- джытæй амардтон авд. Ца ’цæг зæгъын, уа ’цæг мæ фыд Хæмы- цы уæраджы сæрмæ схиз! Уацамонгæ зæххæй йæхи систа æмæ Хæмыцы уæраджы сæ- рыл йæхи æруагъта. Дыккаг хатт дæр та бахоста Батрадз Уацамонгæйы йæ ехсы хъæдæй: — Иннæ суангыл фæцæйцыдтæн æмæ райсомы дауджытæй амардтон авд. Ца ’цæг зæгъын, уа ’цæг мæ фыд Хæмыцы рон- бастмæ дæхи сис! Уацамонгæ Хæмыцы уæраджы сæрæй йæхи систа Хæмыцы ронбастмæ. 2 Ирон лнтературæ сывÆллæттæн 33
Æртыккаг хатт зæгъынмæ куы хъавыд Батрадз, уæд æм Хæ- мыц дзуры: — Зæгъын цы ’мбæлы, уый зæгъ, зæгъын цы не ’мбæлы, уый ма зæгъ! Уый йын уый тыххæй загъта Хæмыц, æмæ Хорæлдар æмбæхст уыд, Уацамонгæйы цы къуымæл уыдис, уым, цæппузыры мидæг, йæ фырты йын чи амардта, уый куы базонид, зæгъгæ, уый тых- хæй. Хæмыц тарст, Батрадз куы срæдийа, æмæ Хорæлдар исты фыдбылыз куы сараза Нартæн, уымæй. Фæлæ та Батрадз æртык- каг хагг бахоста Уацамонгæйы æмæ ноджы ныфсджындæрæй загъта: — Æртыккаг суангыл фæцæйцыдтæн æмæ авд Елиатæ амардтон, авд Мыкалгабыртæ. Хорæлдары фырт Бурхор-Алийы дæр æз амард- тон. Ца ’цæг зæгъын, уа ’цæг мæ фыд Хæмыцы дзыхмæ схиз. Уацамонгæ Хæмыцы дзыхмæ схызт, æмæ Хорæлдар Уацамон- гæйы хуылфæй рагæпп ласта, оххай, мæхæдæг дæр ма нозт цæ- уын къуымæлимæ, зæгъгæ; азгъордта, фæлæбурдта хъæбæр хоры зæнгмæ — уæды онг ыл зади æхсæз æфсиры — æмæ йæ йæ къу- хæй схафта: æфсир уадзынмæ йыл нал хъавыд йæ фырты мæс- тæй. Уæд æм Уастырджи дзуры: — Гъæйтт, мæ бæхæн ма дзы сайæнваг уæддæр фæуадз! Æмæ ма йыл иунæг æфсир фæуагъта Хорæлдар, иннæты сыс- къуыдта. Хæмыц Уацамонгæйы йæ дзыхыл сдардта, фæлæ Уацамонгæ ай- дзаг ис алы æвзæр æмæ æлгъаг хилджытæй: кæлмытæй, хæфсытæй, гæккуыритæй. Сæхи-иу систой уыдон Уацамонгæйæ æмæ-иу нуази- нагимæ фæцæйцыдысты Хæмыцы дзыхмæ. Уæд-иу сæ Хæмыц йæ болат рихитæй æрцавта, æмæ-иу Уацамонгæйы бын амбæхстысты. Афтæмæй афæлдæхта Хæмыц Нарты Уацамонгæйы. НАРТЫÆМБЫРД Нарты гуыппырсартæ æмбырдæй бадтысты сæ къæлæтджын бандæттыл. Тæрхон кодтой уыдон сæ дзыллæйы сæрыл. — Нарт Нарт уæд уыдысты, арв сæ нæрын уæд нæ уæндыди, æмæ мæлын куы зыдтой сæ дзыллæйы сæрыл, алчи сæ хæцын куы фæрæзта йæхиуыл. Нарт Нарт уæд уыдысты, æмæ нæртон адæймаджы дзыхæй рæстдзинады йеддæмæ куы ницы ирвæзти. Нæ дзыллæ дзыллæ уæд уыдысты, æмæ сæ сæр сæрмæ хæссын куы фæрæзтой; сæ къæсæртæ бæрзонд куы арæзтой, мидæмæ цæугæйæ сæ сæр гуыбыр цæмæй нæ кодтаиккой; на ’мæ Хуыцау- мæ афтæ фæзындаид, æмæ уымæн кувынц (Хуыцауæн кувын дæр сæ сæрмæ нæ хастой), — афтæ радзырдта иу хистæр. — Нартæн сæ хорзы кой дардмæ уæд хъуысти, сæ гуыбыныл хæцын куы фæрæзтой, нозтæй сæхи куы хъахъхъæдтой, ронгæй сæ бæрц куы зыдтой, — загъта иннæ хистæр. — Нæ адæм адæм уæд уыдысты, æмæ сæ кæстæр хистæры куы нымадта, кад ын куы лæвæрдта, кæрæдзимæ куы хъуыстой, кæрæдзийæн аргъ куы кодтой... 34
Уый радзырдта æртыккаг хистæр. Æмæ рахастой Нарты хистæртæм æртæ тыны — фыдæлты кад- джын æмæ зынаргъ хæзнатæ. Райста дзы Уырызмæг иу тын æмæ загъта: — Ацы хæзна Нарты хистæртæ аккаг кæнынц, нæ фæсивæдæй æдзонд, хъæбатырдæр æмæ хæрзæгъдаудæр чи разына, уымæн... Йæ ныфс чи бахæсдзæн ацы хæзнамæ? Йæ бадæнæй систа йæхи Нарты Хæмыц æмæ дзуры: — Æз исын ацы тын. — Уый та куыд? Ды дæ аууонæй куы тæрсыс, лæгмæ ком- коммæ бакæсын зæронды бонмæ куы никуы бауæндыдтæ? — Раст загътат, Нарты хуыздæртæ! Æз уын мæхицæй цæмæй раппæлон, уымæй мæм ницы ссардзыстут, фæлæ... мæ фырт Бат- радз! Уымæй хъæбатырдæр, уымæй ныфсджындæр уæ астæу нæ разындзæн. Уый æвзæрдзинад дæр нæ ракæндзæн, кæнын дæр никæмæн бауадздзæн йæ разы. — Ацы хæзнайæ уыцы адæймаджы кадджын кæнынц Нарты хистæртæ, йæ гуыбыныл хуыздæр чи разына... Æмæ та сдзырдта Хæмыц: — Ацы тын дæр мæнмæ цæуы. — Зæрдæмæ бацæуинаг нæу, Хæмыц, дæ хъуыддаг! Дæ фыд- гуыбын чи нæ зоны, Нарты иу адæймаг дæр ахæм нæй. Ничи дын базыдта никуы де ’фсис, иннабонæй-иннабонмæ фынджы уæл- хъус «бæркад» никуы ссыди дæ дзыхæй. — Мæ фырт Батрадзы сæрыл исын ацы тын дæр: уымæй хуыз- дæр ничи разындзæн йæ гуыбыныл дæр. Æртыккаг тын дæр аккаг кæнынц Нарты хистæртæ уымæн, сылгоймаджы сæрыл æгъдауджындæр чи разына, фылдæр чи ныббара йæ сылгоймагæн. — Никæмæн æй ауадздзынæн ацы хæзна дæр, — загъта ма ноджы Хæмыц. — Адæмæн æмбисонд куы фæци дæ хъох-дæндаг, быруйы хуынчъытыл куы хъуызыдтæ искæй устытæм; дæхи ус, Быцен- ты чызджы, дæ дзыппы куы хастай, уæд уый зæгъын куыд ба- хъæцыд дæ цæсгом? — Уæ уайдзæфтæ сæ бынаты сты, фæлæ уый зонут, куыйты Нарт, æмæ уæм сылгоймаджы сæрыл дæр мæ фырт Батрадзæй барджындæр нæ уыдзæн, нæ! Уæд Нарты хистæртæ сфæнд кодтой Хæмыцы фырт Батра- дзы йæ хъарутæй бавзарын... НАРТЫ СÆФТ Хуыцау æрæрвыста зæдты Нартмæ минæвар: — Æртæ Нарты, бирæ уæ уарзын æмæ уын ратдзынæн кæнæ æнусы цард, кæнæ æнусы кой, дыууæйæ уын бар. Уыдон загътой: 35
— Цы дзы кæнæм æнусы цардæй? Цæрдзыстæм уæддæр нæ- хуыдтæг. Фæлæ нæ фæстагæттæн куы баззайа нæ кой, уæд нæ ном уыдзæн кадджындæр. Зæдтæн загътой: — Нæ нæ хъæуы æнусы цард, раттæд нын æнусы кой. Зæдтæ ссыдысты уæларвмæ, ’мæ сæ Хуыцау бафарста: — Цы уын загътой Нарт? Уыдон загътой: — Мах, дам, нæ хъæуы æнусы цард, фæлæ, дам, нын ратт æнусы кой. Уæддæр сæ Хуыцауæн йæ цæст нæ уарзта æвиппайды феса- фын. Бакодтой-иу хуымтæ, ’мæ сын-иу бон цъæх кодтой, æхсæв — кæрдинаг. Æмæ-иу сæм æхсæв куы ацыдысты кæрдынмæ, уæд- дæр та-иу фестадысты цъæх. Уæд сарæзтой хуымты уæлхъусты халагъудтæ æмæ дардтой сæ фæтты бырынчъытыл саджил æрцытæ, ’мæ-иу уымæй хорты фехстой, ’мæ-иу уый кæй алыг кодта, уый-иу уыдис райсоммæ дæр æфсир. Æфсирæн йæ хъæды арх ссадтой йæ нæмыгимæ, æмæ гъе уымæй фæцардысты афæдзæй-афæдзмæ. Стæй загътой: — Нæхуыдтæг куы радтам Хуыцауæн дзырд æнусы цардыл, нæхи дзыхæй ныл куы сæмбæлд не сæфты хабар. Æмæ къахын байдыдта алчидæр йæхицæн ингæн, æмæ гъе уым сæхи калын байдыдтой. . > ’ Афтæ æрцыд Нартæн се сæфт. ДАРЕДЗАНТЫ КАДДЖЫТÆ т ДАРЕДЗАНТЫ АМРАН ÆМÆ ÆФСÆН УÆЙЫГ Даредзантæ сыскъуыдысты æмæ ма дзы баззад дыууæ лæ- джы — Мысырби æмæ Бадыри. Баззадысты калачы иунæгæй æмæ хъыг кодтой. Кæрæдзийæн загътой: — Цом, денджызы нæхи аирхæфсæм. Сыстадысты æмæ ацыдысты. Денджызы былтыл рацу-бацу кæнынц, æмæ сæ Амран фур- дæй ауыдта. Æхсызгон ын уыди сæ фенд æмæ загъта йæхицæн: «Адон хъуамæ базонон — æндæр хос мын нæй. Сæ хуыз мах хуызæн куы у, æмæ нæ мыггаг куынæуал хуыдтой, уæд чи сты?» Амран фурдæй рахызти. Лæппутæ йæ куы ауыдтой, уæд дзы фæтарстысты æмæ кæрæдзийæн дзурынц: — Циу ай, цы нæм рахызти, ай нын хорзæн нæ уыдзæн. Амран бамбæрста, кæй дзы тæрсынц, уый æмæ сæм дзуры: — Ма тæрсут, лæппутæ, æз уæм тыхмæ нæ цæуын. Уæ уынд 36
мын æхсызгон у, æмæ уæ хæстæгмæ куы фенин, уæд уæ, чи стут, уымæй бафæрсин. Лæппутæ æрлæууыдысты. Бацыдис сæм Амран, сæ къухтæ сын райста æмæ сæ ноджы фылдæр бауарзта. Амран сын зæгъы: — Мæнгдзырд мын ма зæгъут, фæлæ цы мыггаг стут, уый мын бæстон бацамонут. Лæппутæ йын радзурынц: — Мыггагæй бæргæ хорз стæм, фæлæ нæхи йеддæмæ нæ мыг- гагæй нал ис. Мах стæм сыгъдæгæй Даредзантæй. Амранæн фырцинæй йæ зæрдæ суынгæг æмæ зæгъы: — Лæппутæ, абон мæн тыххæй ам изæрмæ баззайут, æмæ иумæ фæбадæм. Лæппутæн дæр æхсызгон куыннæ уыди! Бон-изæрмæ бадынц, ныхас кæнынц æмæ йæ фæрсын нæ уæн- дынц, ды цы мьптаг дæ, зæгьгæ. Афтæмæй фæбадтысты изæрмæ. — Ацæут, лæппутæ, изæр кæны, æмæ та мæм райсом раджы æрцæут. ; Лæппутæ рацæуынц. Кæрæдзийæ куы ахицæн сты, уæд сæ цæстысыгтæ æрызгъæлдысты Мысырби æмæ Бадырийæн: — Тæхуды, ай хуызæн кæй мыггаджы ис. Амран зæгъы йæ зæрдæйы: «Адон иунæгæй уагъд мæнæн ху- динаг у, фæлæ ма мæ дæлæрттæ сты æнæсæрыд, æмæ афтæмæй куы ацæуон, уæд мын фæстагмæ нæ рацæудзæн хорз». Æмæ фæцыдысты фæйнæрдæм. Лæппутыл æхсæвы Амраны уарзындзинады тыххæй хуыссæг нал æрхæцыди. Райсом æхсæвыцæстæй фестадысты æмæ ныццыдысты ден- джызы былмæ. Амран сæм цæрдæг рагæпп ласта. Бон-изæрмæ фæбадтысты дзæбæхæй. Изæры ацыдысты фæйнæрдæм дыууæтæ дæр кæугæйæ. Мысырби зондджын уыди, йе ’фсымæрæн куы зæгъы: — Къулыбадæг усы бафæрсæм: цæмæй ракæндзыстæм уыцы лæджы, уый нын куы бацамонид, уæд фæцæриккам дзæбæхæй. Ссыдысты къулыбадæг усмæ æмæ йын радзурынц: — Иу лæг нæм денджызæй сурмæ рахизы, æмæ йæ хуыз Да- редзанты хуыз у, фæлæ нæ уæндæм бафæрсын, «чи дæ, кæмæй?» Æмæ нын æй куы рахизын кæнис фурдæй. Ус сын зæгъы: — Уый уын æнцон хъуыддаг у: райсом æм куы цæуат, уæд уемæ ахæссут айдæн æмæ сæрдасæн, æмæ-иу йæ цуры уæхи рæ- сугъд даст ныккæнут. Даст куы фæуат, уæд-иу айдæн раттут, уыцы лæг чи у, уымæ. Уый уын бабæлдзæн уæ уындмæ, уæ рæсугъдмæ æмæ уын зæгъдзæни: «Мæн дæр ма уæхи хуызæн ныдздзæбæх кæнут, кæддæра æз та куыд уаин». Сымах æй ныд- дасут, æмæ йæ денджыз йæхимæ нал бауадздзæн. Афтæмæй изæ- ры рацæудзæн уæ фæдыл. Уый уыдзæн уæхицæй, йæ ном Амран. Лæппутæ раздæхынц. Æхсæв схуыссынц. Райсом семæ ахæс- сынц айдæн æмæ сæрдасæн. 37
Амран сæм рацæуы. Лæппутæ кæрæдзимæ бадзурынц: — Цæй, нæ сæртæ ныддасæм. Лæппутæ сæ кæрæдзийы дасынц, айдæнмæ кæсынц, афтæ- мæй. Амран сæ дастæй куы федта, уæд ноджы хуыздæр фæцы- дысты йæ зæрдæмæ. — Æрисут-ма уæ айдæн, цæмæ дзы кастыстут, уый фенон. Авæрынц æм айдæн. Амран айдæны акастис, йæ хуыз йæ зæр- дæмæ нæ фæцыд: — Лæппутæ, мæн дæр ма адасут! Цæрдæггомау фæгæпп кæнынц æмæ йæ сæхицæй рæсугъддæр ныддасынц. Бон-изæрмæ фæбадынц. Изæры фæйнæрдæм фæцæуынц. Амран денджызмæ ныццыд, йæхи дзы баппары — денджыз æй фæстæмæ раппары: «Мæнмæ дын фæндаг нал ис, фæлæ кæм цæрдзынæ, уырдæм фæцу!» Амран лæппутæм радзуры: — Фæлæуут мæм, иумæ цом! Фыдæбон уын фæуæд, æз уын мæхи уымæн нæ хъæр кодтон, мæ дæлæрттæ ма гом сты, æмæ ма мæ рæстæгмæ куы ныууагътаиккат, æндæра æз дæн уе ’фсымæр Амран, æмæ иумæ ацæуæм. Лæппутæ сцин кодтой: — Цæй, уæдæ нын кæд афтæ у, уæд мах дæр цæрдзыстæм, адæмы ’хсæн уæнддзыстæм! Рацыдысты уырдыгæй æмæ калакмæ æрцыдысты. Байдыдтой цæрынтæ. Сырды фыды йеддæмæ сæм ницы уыд. Иубон куы уыд, уæд кæрæдзийæн загътой: — Абон цуаны æппындæр мауал фæцæуæм. Мах дæр баулæфæм. Нал фæцыдысты цуаны, сæхицæн хорз аходæн сарæзтой, хорз цæл фæкодтой. Стæй зæгъынц сæ кæрæдзийæн: — Цомут, нæ мæсыджы сæрыл æрбадæм, алырдæм дзы акæсæм. Æртæ мæсыджы сæрыл рæнхъытæй сбадтысты. Уыдонæн уыд иу фыды хо æмæ уый загъта: — Цон, æмæ ме ’рвадæлтæм акæсон. Змæлæг ма сæ ис æви нæй, уый базонон. Ракасти зæронд ус. Йæхи саг фестын кодта, афтæмæй кæсы Даредзанты калакмæ. Мæсыджы сæрмæ æртæ лæппуйы иумæ бадгæ куы федта, уæд загъта: — Æрмæст уый куы базонин, нæхицæй сты, æндæртæ сты? Лæппутæ йæ куы ауыдтой, уæд загътой: — Ай абоны фæнд фæхорз и, нæ сырды хай нæм йæхи къахæй æрцыди. Æртæ æмхызт ракодтой. Схъуызыдысты йæ сæрмæ. Мысыр- 6и йæ фехста, йæ фæсарм сæмбæлди, йæ игæры кæрдихтæ йын акалдта. Саг фæлыгъди. Лæппутæ æрцыдысты сæ фехсæнмæ, æмæ мæнæ йæ игæры кæрдихтæ пырхæй лæууынц. 38
Амран сæм бадзуры: — Лæппутæ, уыцы кæрдихтæ рауидзут æмæ сæ уæ дзыппы рахæссут, æмæ нæ цæф сырды фæдыл цæуæм. Йæ тугвæд зыны æмæ нын нæ фæсæфдзæн. Цæуынтæ байдыдтой йæ фæдыл æмæ сæ тугвæд бакодта иу хæдзары дуармæ. Мидæгæй дзы адæймаджы хъæрзын хъуысы. Амран лæппутæн зæгъы: — Мидæмæ бацæуæм, тæрсгæ ма кæнут. Бацыдысты хæдзармæ. Хæдзары иу зæронд ус хуыссы. Ам- ран ын зæгъы: — Цы кæныс, нæ мады хай, цæмæй хъæрзыс уыцы тыхджын? Ус æм радзуры: — Цы кæнон, мæ хъæбултæ, æз дæн Даредзанты чызг, æмæ мæм æрыхъуыстис, Даредзантæй мыггаг нал ис, зæгъгæ! Æз мæ мидзæрды загътон: «Цон, æмæ акæсон искуыцæй, кæд ма дзы ис- куы змæлæг ис». Дардæй сæ мæсыджы сæрмæ акастæн, æмæ æртæ лæппуйы мæсыджы сæр бадти. Æз загътон мæхицæн: «Цон, хæс- тæгдæр ныццæуон æмæ ’ххæст уый базонон, нæхицæй ма сты æви кæд æндæр исчи сты». Мæхи саг фестын кодтон, сæ сæрмæ стыр фæтæн, уырдæм ныццыдтæн. Лæппутæ мæ ауыдтой, æртæ æмхызт æркодтой. Æз сæ уарзоны тыххæй сæ калакмæ кастæн, уыдон мæм æрхъуызыдысты, сæ иу мæ фехста, мæ фæсарм сæмбæлди æмæ мын мæ игæры кæрдихтæ иннæрдыгæй акалдта. Уырдыгæй ралыгъ- тæн æмæ ардæм æрхæццæ дæн. Ныр куыннæ хъæрзон, æнæмæлгæ мын хос нал ис. Амран æм дзуры: — Цымæ дын хос æппындæр ницыуал феххуыс кæнид? — Цы ма мын феххуыс уа, мæ игæры кæрдихтæ ма куы уаик- кой, уæд бæргæ фервæзин, кæннод мын фервæзæн нæй. Амран йæ дзыппытæм февнæлдта æмæ сæ уырдыгæй фелвæс- та. Хъарм донимæ йын сæ адардта: ус цы уыд, уый фестади. Амран ын зæгъы: — Æмæ уæдæ нæ хо куы дæ, уæд куыд иунæгæй цæрыс? Йæ хо йын зæгъы: — Бæргæ нæ уыдтæн иунæг, фæлæ мæ мойы Æхсон уæйыг амардта, æмæ уый фæстæ баззадтæн иунæгæй. Амран ын зæгъы: — Цымæ уыцы Æхсон уæйыг æгас у? Ус æм радзуры: — Æгас у, дæ нывонд фæуон, ме ’фсымæр, уымæн мæлæтæй тас нæу! Амран ын зæгъы: — Амонгæ мын æй бакæн, хъуамæ райсон ме сиахсы туг. Ус ын зæгъы: — Æппындæр дын æй нæ амонын, ницы йын ракæндзысты дæ хуызæттæ! Амран фæмæсты æмæ ныцъцъæхахст кæны йæ хойыл: 39
— Æз дæ уымæй нæ фæрсын, ракæндзынæн, нæ ракæндзынæн. Ус дзы фæтарсти: — Дард нæ цæры, Тесы къæдзæхты ис, фæлæ йæ куыд амар- дзынæ? Йæ дуарæй йæм куы бадзурай, уæд дæм стгæ дæр не скæндзæн: йæ хъæлæсыдзаг цæхæр ракалдзæн, æмæ æгас бæстæ схæцдзысты, æмæ дæ афтæмæй басудздзæн. Æртæ фæлтæры дын афтæ бакæндзæн, стæй дæм ралиуырдзæн, æмæ йын тыхгæнæг цы ракæндзæн! Иууыл у æхсонæй арæзт. Дæ цирхъ æй, мыййаг, куы нæ фæкæрддзæн. Мæнмæ цæуыл фæхъыг дæ, æз дын æй уымæн нæ амыдтон. Амран йе ’фсымæртæм бадзуры: — Мемæ рацæут, лæппутæ! Фæгæпп кæнынц æмæ раздæхынц хæдзарæй. Лæппутæ куы рацæуынц, уæд сæм сæ хо фæсте радзырдта: — Кæнгæ йын ницы ракæндзыстут, фæлæ йыл куы фæтых уат, уæд æй дзурын ма суадзут. Уыцы уæйыгæн йæ дзугтæ уым йæ быдыры ныййæфтой. Ам- ран йæ цирхъ фелвæста, стырдæр къамбецтæй æртæ æрбаргæвста æмæ сæ дзæкъулстыгъд бакæны. Донæй сæ байдзаг кæны æмæ сæ йæ дæлæртты бакæны. Æхсон уæйыджы дуармæ сæ бахæссы, йæхæдæг фæстæмæ йе ’фсымæртæм фездæхы, йæ зæвæтæй зæхх нытътъæпп кæны æмæ сын зæгъы: ; — Хæстмæ куы бавналон, уæд уыцы дзыхъхъæй уæлæмæ ма схизут, кæннæуæд уæ дымгæ фæхæсдзæн. Æрмæст-иу æз куы ныхъхъæр кæнон: «Гъæтт, цы фестут, лæппутæ», уæд-иу æмдзы- хæй ныхъхъæр кæнут: «Хæц нын ыл фидар, мах дæр фæхæццæ кæнæм». Уæлæмæ схизыны фæнд ма скæнут. Йæхæдæг баздæхт уæйыгмæ æмæ йæм бахъæр кæны: — Æхсон уæйыг, æддæмæ мæм ракæс! Æхсон уæйыг йæ хъæлæсыдзаг æддæмæ цæхæр ракалы. Ам- ран йæ иу-дзæкъулмæ февналы æмæ йæ цæхæрыл ауадзы. Цæ- хæр æппындæр нал фезмæлыд, ахуыссыд. Амран ма ноджы бадзуры: > — Æддæмæ мæм ракæс, æз сурдымæн дымæг, мыййаг, нæ дæн. Дæ зынджытæй цы хъавын. Дыккаг хатт ыл ракалы йæ цæхæртæ. Амран февналы æмæ сыл йе ’ннæ дзæкъул ауадзы: цæхæр ахуыссы. Æртыккаг хатт бадзуры: — Æддæмæ мæм ракæс! Æз дæ зынджытæй цы хъавын, ихæн мын, мыййаг, куы нæ у. Тыхджындæр сулæфыд уæйыг æмæ йыл фылдæр цæхæр ракалд- та. Амран сæ ахуыссын кодга. Амран ыл мæсты хъæр ныккодта: — Æддæмæ ракæс, æмбыд хæрæг, кæй мæстæй марыс, уый нæ дæн. : ^ Уæйыг мæстæй фæтæррæтт кодта, йæ цирхъ йæ къухы радав- та. Амранмæ куы разынди, уæд ыл Амран хъæбысæй йæхи ныц- цавта, йæ цирхъ ын йæ къухæй стыдта. 40
Байдыдтой хæцынтæ; хъæдæй, быдырæй рахæсс-бахæсс кæ- нынц кæрæдзийы. Уæйыг Амраны фелвæста æмæ йæ зæххыл æркъуырдта. Амран йæ фадхъултæм сыджыты аныхсти. Амран йе ’фсымæртæм ныхъхъæр кодта: I — Гъæтт, лæппутæ, цы фестут! Лæппутæ ныхъхъæр кæнынц: — Уадзгæ нын æй мауал акæ, мах дæр дæм фæхæццæ кæнæм. Уæйыгæн йæ зæрдæ фæтарсти æмæ йæ тыхæн йæ фылдæр фæхъаджджын. Амран дæр уæйыджы фелвæста, зæххыл æй ныц- цавта æмæ йæ йæ уæрджытæм сыджыты ныссагъта. Уæйыг æй фелвæста æмæ йæ уый дæр йæ уæрджытæм ныссагъта. Амран та йе ’фсымæртæм ныхъхъæр кодта: — Цы фестут, уадзгæ уын æй нæ акæндзынæн. Уыдон æм схъæр кæнынц: — Фæцæуæм дæм! Уæйыгæн йæ зæрдæ тыхджындæр фæтарсти. Амран æм фæлæбурдта, зæххыл æй æркъуырдта, йæ астæумæ йæ сыджыты асагъта. Ныр дзы нал тæрсы Амран æмæ йе ’фсымæртæм дзуры: — Уе ’ддæ йæ дуармæ йæ цирхъ æрæппæрстон, æмæ мæм æй тагъд рахæццæ кæнут! Лæппутæ уырдæм бацыдысты, дыууæйæ йыл схæцыдысты æмæ йæм æй æрхастой. Уæйыгæн уыд фараст сæры. Аст сæры йын куы ракодта, уæд æм уæйыг дзуры: — Маргæ мæ акодтай, фæлæ ма мæ иу дзырды бар суадз. Мысырби Амранмæ дзуры: — Æппын æй сыбыртт ма суадз. Амран зæгъы: — О ме ’фсымæр, цæмæй дзы тæрсыс? Цы ма нын ракæндзæн, мард куы у. Уæйыгмæ дзуры: — Зæгъ, цы зæгъыс, уый. Уæйыг ын зæгъы: — Уæдæ Тандет-Тундеты чызг буц Тамар цалынмæ усæн дæ къухы бафта, уалынмæ дæ тых мауал уæд! Амранæн йе уæнгтæ ныззыр-зыр кодтой, æмæ ма йын йæ иу сæр тыххæй ныллыг кодта. Йæ тыхæй йæ бынаты æппындæр ницыуал уыд. Аздæхтысты фæстæмæ, ссыдысты сæ фыды хомæ Мысырби æмæ Бадыри кæугæ. Амран сæ фæдыл æнкъардæй. Сæ фыды хойæн радзурынц: — Дæ мойы туг бæргæ райстам, фæлæ нын Амраны тых йæхæ- дæг айста. Уый ныккуыдта тыхджынæй: — Æнхъæл уæ нæ уыдтæн, ме ’фсымæртæ, уымæн исты ракæ- нат, фæлæ уæм уæддæр адзырдтон: «Уæ бон ын куы бауа, уæд æй дзурын ма суадзут», уæд æй куыннæ бамбæрстат?! 41
Амран æнкъардæй загъта: — Кæнæ мæ уд сыджытмæ куы нæ ныххиза, кæнæ уый усæн куы нæ ссарон, уæд æз афтæмæй нæ ныллæудзынæн. Мæ фыды хо, ахæм фæндаггаг мын сараз, хæрынæн адджын куыд уа, хæс- сынæн рог. Мæ дзырдыл уæлдай мацыуал зæгъ, кæннод дæ разы мæхи амардзынæн. Йæ фыды хо дæр уæлдай нал сдзырдта æмæ сæ сарæзта: фа- раст азмæ сæ цы бахъуыдаид, уый фæндаггаг сын радта. Араст сты Амран æмæ йе ’фсымæртæ: Тандет-Тундеты чызг буц Тамар кæм и, уый хъуамæ ссарой. Цæуынц фæндагыл æмæ сыл иу ран баталынг. Кæрæдзийæн загътой: — Мæнæ ныл доны хъæлæба цæуы æмæ доны цур æрæнцайæм, æхсæвæр бахæрæм. Дойны нын куы уа, уæд нæ цуры ис. Æрæнцадысты доны цур, талынджы. Æхсæвæр бахордтой æмæ сдойны сты. Уæд Амран йæ донгарз фелвæста æмæ лæппутæм адзырдта: — Исчи мын дзы дон æрбадавæд. Мысырби цæрдæг уыди, фæтæррæст кодта æмæ йын æй йæ къухæй аскъæфта. Донмæ йæ бахаста, донæй йæ йедзагæй систа æмæ йæхицæн загъта: «Цæй, æз уал дзы ануазон, стæй йæ байдзаг кæндзынæн!» Доныл схæцыд æмæ йæ анызта: цæхджын ад ын скод- та. Йæхицæн загъта: «Ныр цы кæнон, ай доны ад куы нæ кæны». Ма дзы бахæссон Амранмæ, уæд зæгъдзæн: «Нæ йæм бауæндыди», хæссон æм æй, æмæ ай дон нæу. Цæй, уæддæр дзы ахæссон». Рахаста уыцы донæй æмæ йæ Амранмæ радта. Амран дзы анызта æмæ фæхъæр кодта: — Мысырби, ай циу, цæй дон мын æрбахастай? Мысырби ныллæгæй загъта: — Æз дæр æй базыдтон, фæлæ дзы æнæ ’рхæсгæ нæ бауæн- дыдтæн дæуæй. Амран зæгъы: — Цомут æмæ йæ фенæм. Мысырби зæгъы: — Рухс нæм нæй, æмæ йæ цæмæй фенæм. Амран зæгъы: — Рацæут, рухс уын æз скæндзынæн!' Бацыдысты доны былмæ. Амран йæ къухтæ кæрæдзийыл æрцавта æмæ уый рухсæй къуыппæй, дзыхъхъæй сегас федтой. Донмæ æркастысты æмæ — иууыл туджы леуахи. Амран сын загъта: — Ацы туг кæцæй цæуы, уый хъуамæ базонæм. Ацыдысты йæ фæдыл, æмæ иу уæйыг ададжы сæрыл бады, хуыссæг æй ахсы. Афтæмæй арц йæ ныхмæ сæвæрдта æмæ йæ сæр куы ’рхауы, уæд арцы бырынкъыл сæмбæлы æмæ дзы æрхы дзаг туг акæлы. Уæд фехъал вæййы æмæ акæстытæ кæны. Аф- тæмæй йæ Амран сæййæфта æмæ йын зæгъы: 42
— Ай цы дæ, цæй æдылы дæ, цы аразыс, дæхи цæуыл марыс? Уæйыг æм дзуры: — Чи дæ, цы дæ? Амран зæгъы: — Ницы дæн, зæххон адæймаг дæн, фæлæ дын тæригъæд ба- кодтон, æмæ мын зæгъ, цы уынгæджы дæ, уый. Уæйыг зæгъы: — Æз дæн Бахъ-Бахъ гуымиры æмæ мæм уд йæ ныфс никуы бахаста. Ныр мын Пиллон гуымиры мæ усы аскъæфта. Сæ рацæ- уæн ауылты у, æмæ сæ размæ бадын. Куы афынæй уон, мыййаг, æмæ йæ куы нæ базонон, уæд ноджы мæ худинаг ныхъхъæр уы- дзæн. Къуыри бадын ам æмæ мæ хуыссæг ахсын байдыдта. Мæ арц уый тыххæй дарын мæ ныхмæ. Куы мын фæриесы, уæд фехъал вæййын. Амран ын зæгъы: — Дæ ус куы рацæйцæуа, уæд æй цæмæй базондзынæ? — Уымæй йæ базондзынæн, æмæ цыфæнды мæйдары рацæуа, ирд боны хуызæнæй рухсдæр радардзæн. — Уæдæ афынæй кæн, æз хъахъхъæндзынæн æмæ дæ сыхъал кæндзынæн. Уæйыг зæгъы: — Алæ-ма, куыд мæ сыхъал кæндзынæ? — Дæ хъусы дын тыхджын ныхъхъæр кæндзынæн. Бахъ-Бахъ гуымиры зæгъы: — Гъеныр-ма ныхъхъæр кæ мæ хъусы. Амран ныхъхъæр кæны. Уæйыг ын зæгъы: — Уымæй дын нæ сыхъал уыдзынæн. — Тыхджын дæ ниууигъдзынæн. Уый йæм æрбадзуры: — Уæдæ-ма мæ бауигъ. Амран æй йæ тых-йæ бонæй бауыгъта, фæлæ ма дзы цы тых уыд, мæгуыр йæ бон. Уæйыг загъта: — Уымæй дæр дын нæ сыхъал уыдзынæн! Амран зæгъы: — Уæдæ дын куыд кæнон? Гуымиры йын зæгъы: — Де ’дде мæ арцыл схæц æмæ дзы мæ дæларм ныццæв. Уымæй ма дæ базондзынæн. Амран арц систа æмæ йын дзы йæ дæларм ныррæхуыста. Уæйыг ын уæд загъта: — Гъеныр дын æрыхъал уыдзынæн, фæлæ мæ тæригъæды ма бацу, арвыл мæй рухсы хуызæн куы фæзына, уæд-иу мæ дæ тых- дæ бонæй ныццæв мæхи арцæй. Уæйыг дын афынæй. Амран æй хъахъхъæнын байдыдта. Кæркуасæны размæ боны хуызæн срухс: фелвæста Амран уæйы- 43
джы арц, йæ дæларм ын ныццавта. Уæйыг фехъал. Амранæн зæгъы: — Гъеныр мын раскъæфы мæ усы. Йæ къах тыхджын æркъуырдта уæйыг, æртæ лæппуйыл фæ- хæцыд, йæ къахы уæрмы сæ ныппары æмæ сын зæгъы: — Афтæ æнхъæл ма ут, фыдæнæндзинад уын бакодтон. Кæд мын сымах бацыдыстут хорзы, уæд æз дæр уæ тæригъæд нал исын. Нæ хæсты дымгæ уæ фæхастаид, æмæ уæ уый тыххæй ныппæрстон! Уалынмæ дын рацæуы Пиллон гуымиры. Ракæны Бахъ-Бахъ гуымирыйы усы. Бахъ-Бахъ гуымиры ралиуырдта, сæ кæрæдзийыл сæхи нын- дæгътой, рахæц-бахæц байдыдтой, æртæ боны æмæ æртæ ’хсæвы фæхæцыдысты, кæрæдзийыл нæ тых кодтой. Уалынмæ дыууæ дæр кæрæдзийы амардтой. Ус баззад иунæгæй. , Амран бавдæлд æмæ йе ’фцæджы ныттыхсти. . — Ацы рæсугъд ус, Хуыцау дæ загъта мæнæн. Ус ын зæгъы: — Ацы дыууæ мæн тыххæй кæрæдзийы амардтой, æмæ мын уыдон баныгæн, стæй дæу йеддæмæ кæй уыдзынæн! Амран æмæ йе ’фсымæртæ ингæн къахынмæ бавнæлдтой. Сæ иу агъды бæрц баныгæнынæн сæ бон къахын нæ баци. Ус фæмæсты, йæ къахæй сыджыт æркъуырдтытæ кодта, æвдгай ивазнытæ сæ фæдзыхъхъ кодта, уæйгуыты уым фæйнæ раны ныппæрста, йæхæдæг арц фелвæста, Амранæн æй йе ’фцæг- готы агьыста, арцы кæрон зæххыл æркъуырдта æмæ Амраны ууыл æрцауыгъта, йæхæдæг æнцад ацыд. Амран уым хъеллау байдыдта. Йе* ’фсымæртæн сæ бон нæу, æмæ арц рафæлдахой, афтæмæй Амран уым хъеллау кæны. Æрæ- джиау тых дымгæ æрцыд æмæ арцы хъил рафæлдæхта. Амран уый фæрцы ралæсти. Уырдыгæй рацыдысты æмæ цæуынц фæндагыл. Амбæлд сыл иу сæнласæг уæрдоны. Уæрдоны сæмæн асасти, æмæ æрдиаг кæны сæнласæг: — Ныр ма цы саразон, сæмæн ссарин, фæлæ мæ лалым чи сфæраздзæн? Амран ын загъта: — Хуыпп æмæ мын æрдæг ратт дæ сæнæй, æмæ дын дæ лалым æз сисдзынæн. , ■ ■. Сæны хицау загъта: — Хуыпп æмæ æрдæг та цы у? Цас дæ хъæуы, уый баназ. Амран бацыди, сарæзта йын йæ уæрдон æмæ йыл йæ лалым сæвæрдта. Сæны хицауæн зæгъы: — Цæй-ма, иу хуыпп æмæ æрдæг уæддæр аназон. Уый йæм æрбадзуры: — Де ’дде дæ цы хъæуы, уый баназ. 44
Лалымы къахмæ йæ дзых бахаста, ныххуыпп кодта æмæ йе ’рдæгæй фылдæр анызта. ■■ Сæны хицау йæхи фæмæсты кодта: — Æмæ ма уæрдонæй цы кодтон, йæ сæн мын ды куы баныз- тай, уæд! ,,, , ,• Амран ын зæгъы: ,( — Дзырд ма фæивæм, æз æмæ ды фæтк ма скæнæм! Кæй мын загътай, уый сæххæст кæн! Сæны хицау ын дзуры: — Хуыппы ’рдæгæй ницыуал фæуагътай, хуыпп куы ныккæ- най, уæд мын сæ сæнæй, лалымæй аныхъуырдзынæ! , Дзургæ сæ сау уæйыджы фырт сæййæфта. Тызмæгæй сыл фæхъæр кодта: > м, , — Чи стут, цы стут, адæмы хъæлæбайæ цæуыл марут?! / Сæны хицау æм хъаст хæссы: — Мæ уæрдон фехæлди, æмæ мын æй мæ сæнæй хуыпп æмæ æрдæгыл сарæзта. Хуыппы ’рдæг скодта, æмæ лалымы мидæг бирæ нал аззад. Сау уæйыджы фырт фæхъуыдыйыл: «Ацы лæгæн йæ къубал сыскъуынин æмæ мæм дзæбæх зыны, мæ цæст; æй нæ уарзы. Авдæны мын лæппу куы ис, уæд амæй дзæбæхдæр цæмæй фæ- хъаздзæн». Систа Амраны æмæ йæ йæ дзабыры хъусы нытътъыс- та æмæ йæ схаста йæ хæдзармæ. Балæвæрдта йæ йæ лæппумæ, авдæны йын хуыссыди. Лæппу йæ иу къухæй Амраныл ныххæ- цыд æмæ йæ авдæны хъæдыл хойы. Бинонтæ куы ’рфынæй сты, уæд сывæллон дæр афынæй. Ам- ран йæ къухæй зæхмæ æрхаудта æмæ рахъуызыд уырдыгæй. Ра- цыд Амран æмæ йе ’фсымæртæм æрцыдис. Кæугæйæ æмæ сæ дзыназгæйæ æрæййæфта. Мысырби йын зæгъы: — Амран, аздæхæм фæстæмæ. Махæй дæ ныфс ма уæд, искуы дзæгъæлы фæмæлдзыстæм! Амран сын зæгъы: — Ма тæрсут, лæппутæ! Кæд уæм тых нæй, уæддæр мæнæн стут мæ ныфс. Мæнæй уый ма банхъæлут, Амран ус агурæг цæуы! Æз цæуын мæ тых агурæг. Кæд æй ссарон, уæд мын ма тæрсут, кæннод цас тагъддæр фæмæлæм, уыйас — хуыздæр. Араст та сты. Цæуынц æмæ сыл Уастырджи бамбæлд зæронд лæджы хуызы. — Уæ фæндаг раст, — сын загъта. — Дæ хъуыддаг раст уæд, зæронд лæг. Уастырджи сын радзуры: — Цымæ ацы дзæбæх лæппутæ кæдæм сфæндараст сты? Амран æм кæуынхъæлæсæй бадзуры: — Мах цæй фæндараст стæм? Мæнæн мæ тых иу чызг бабаста, æмæ уый суадзынмæ цæуæм, æмæ кæм и, уый дæр нæ зонæм. Уастырджи сын куыннæ зыдта сæ хъуыддаг. Фæндаджы был лæдзæгæй æркъуырдта, æмæ фæндаг фестади: 45
— Гъе ууыл ныллæуут æмæ ацы фæндаг уæ разæй цæудзæни, Тандет-Тундеты калакмæ уæ ныккæндзæн; комкоммæ ма бацæут, йæ кæроны æддиау æрбынат кæнут. Уæ иу уæ бацæуæд калакмæ. Уьщы чызг бады æрхуы мæсыджы. Уый бынмæ бацæут. Стæй уын исты хос уыдзæни. Мæ дзырд бамбарут, зæронд лæг гæды дзырдтæ нæ кæны. Бузныг ын загътой. Ныллæууыдысты уый фæндагыл. Сæ размæ фæндаг нæ уынынц, афтæмæй сæ уыцы гыццыл фæндаг ныххæццæ кодта. Куыд сын загъта зæронд лæг, афтæ æддиау æрынцадысты. Тамар æй зыдта йæхæдæг: «Даредзанты Амран у мæнæн мæ мойаг». Мысырбийы куы барвыстой, уæд бацыд мæсыгмæ. Тамар æй зыдта: «Гъеныр æрхæццæ мæ мойаг». Рудзынгæй ракаст æмæ лæппумæ æрдзырдта: — Чи дæ, цы мæм кæсыс? Лæппу йæ уындæй фæуадзыг æмæ йæм æрæджиау сдзырдта: — Ницы, мæнæ мæсыгмæ рацыдтæн, дæумæ нæ кастæн. Чызг йæ дзыккуйæ иу хъис ратыдта, раппæрста йæм æй æмæ дзуры Мысырбимæ: — Гъе уыцы æрду ахæсс æмæ йæ де ’мбал Амранæн ратт. Гъеуый йæ сæрыл æрбатухæд, стæй йын уый хос кæндзæни. Мысырби йæ ахаста, радта йæ Амранмæ. Йæ сæрыл æй æрба- тыхта, цы тых æм уыд, уымæй æртæ ахæмы тых ын радта. Йæ тых йæ бынаты куы абадт, уæд йе ’фсымæртæн загъта: — Ма тæрсут, лæппутæ, Хуыцауæй бузныг, гъеныр нал фе- сæфдзыстæм. Сымах мын ахсæв ам лæуут, тæрсгæ мын мацæ- мæйуал фæкæнут! Æз ахсæв уыцы мæсыг куы нæ фенон, уæд мæлгæ дæр акæндзынæн. Æхсæвы ацыд. Чызг æй зыдта: «Амран ахсæв ардæм цæудзæн æмæ тыхæй, мыййаг, куы сархайа, уæд нæ дыууæ кæрæдзийы нал фендзыстæм». Мæсыджы дуæрттæ куы сæхгæдтой, уæд Та-. мар сыстади æмæ сæ бакодта, афтæмæй æрхуыссыди. Амран бацыди, дуæрттæ иууыл гомæй баййæфта. Мæсыджы фæкуыси æмæ йæ сæрмæ ссыди. Тамар æй зыдта æмæ йе ссыдмæ бадгæ кодта. Кæрæдзийы куы федтой, уæд фыруарзонæй фæйнæр- дæм ахаудтой. Æрæджиау сыстадысты. Тамар Амранæн дзуры: — Амран, хъуызгæйæ куы нæ фæцæуæм, æмæ мæ фыды арæн- тæй хъуызгæйæ куы нæ ахизæм, уæд дзы дæ тыхæй нæ ахиз- зынæ. Ныр цæуынвæнд скæнæм. Амран зæгъы: — Æмæ къахæй нæ бон кæм бауыдзæн, æз цæтгæйæ не ’рцыдтæн. Чызг ын зæгъы: — Бæхтæ уын хæрзтæ ссардзынæн. Чызг фестадис, йæхæдæг йæ фыды бæхгæсмæ скуыси, зæгъы йын: — Бæхтæн сæ хуыздæртæй цыппарыл хуыздæр сæргътæ сæ- вæр æмæ сæ тагъд мæ фæдыл ралас. 46
Бæхгæс сæ уайтагъд аивтыгъта æмæ сæ мæсыджы дуармæ слас- та. Тамар Амранæн зæгъы: — Гъеныр тагъд цæугæ! Бæхтыл абадтысты, дыууæ бæхы сæ фæдыл ласынц. Амраны æфсымæртæм бахæццæ сты, уыдон дæр абадтысты бæхтыл. Тамарæн уыди сыгъзæрин уасæг — хъахъхъæнæг. Цалынмæ уыдон бæхтыл бадтысты, уалынмæ йе ’взаг ныххуыскъ и, æмæ йæ уасæн нал уыди. Бæхтыл куы абадтысты, уæд ныууасыди. Афтæ тыхджын ныууасыди, æмæ уыцы калак иууылдæр сыхъал сты. Зыдтой йæ уыцы калак, уыцы уасæг куы ныууаса, уæд Тамары чидæр фæкæны. Калак æмхуызонæй сызмæлыдысты. Тамары мæсыджы фæ- куыси сты: Тамар уым нал ис. Йæ фыд Тандет-Тундет зæгъы: — Фæдисы ацæут, ацы калак, æз дæр уæ разæй цæуын. Тама- рæн фæдисы чи нæ ацæуа, уый арты басудздзынæн! Ныххæррæтт кодтой æмæ нæ зонынц, чердæм фæцæуой. Аф- тæмæй æмхуызон ныккуыдтой. Уыцы кæуынæй Тамар æмæ йе ’мбæлттыл ахæм къæвда æрцыди, æмæ цæуын нал зыдтой. Амран Тамармæ бадзуры: — Æз афтæ фехъуыстон, Тамар, дам, æппæты ’гъдау зоны. Уæд ацы къæвда цавæр у? Тамар ын зæгъы: — Дæ бæх размæ ма уадз æмæ дын æй зæгъон. Фæстейæ нæ чи суры, уыдон, чердæм цæуæм, уый нæ зонынц æмæ æмхуызон скуыдтой. Гъе уый къæвда у. Цæуынтæ байдыдтой, æмæ та сæ иу ран хуры тæвд суынгæг кодта. — Ай та цы уыдзæн? — Гъеныр нæ базыдтой æмæ æмхуызон ныххудтысты, æмæ сæ комы тæф рахаста, гъе уый тæвд у, гъе! Цæуынтæ байдыдтой æмæ сæ дымгæ суынгæг кодта. Амран зæгъы: — Ай та цавæр уыдзæн? — Уый та æрбахæстæг сты æмæ сæ бæхты комы тæф. Ныр махæн лидзынæй нал уыдзæн, фæлæ нæ тыхы сæр бахъуыди! Тамар бæхæй ралиуырдта æмæ Хуыцаумæ скуывта: — Ам мын ахæм бæстыхай фестын кæн, бæрзондæй — æртæ æддæгуæлæ. Йæ цыппар фисыны — цыппар мæсыджы. Уайтагъддæр дзы уыдон фестадысты. Куыд бацыдысты уыцы бæстыхаймæ, афтæ сæ æфсæдтæ дæр æрбаййæфтой. Амран Мысырбимæ дзуры: — Иумæ ахизгæйæ нын худинаг у. Ахиз уал ды æмæ хæц. Мысырби рахызт, бон-изæрмæ фæхæцыд, цæгъдгæ дæр бирæ фæкодта, фæлæ йын йæхи дæр амардтой. Амран Бадырийæн зæгъы: — Гъеныр та ды ахиз. 47
Ныххызти уый дæр, цæгъдынтæ сæ байдыдта, æрдæджы онг сæ фæцагъта, стæй уый дæр амардтой. Амран мæстæй рагæпп кодта, цæгъдынтæ сæ байдыдта. Разæй сæ цæгъдгæ кæны, фæс- тейæ сæ туджы зæй ласы. Быныскъуыд сæ скодта, иу дæр сæ нал ауагъта. Йæ дыууæ ’фсымæры равзæрста, йæ дæлæрмтты сæ мæсыджы бынмæ схаста. Уым сæ тæрхæгыл æрæвæрдта. Йæхæ- дæг сæ цуры æнкъардæй сбадти. Мæрдты бынæй иу сауджын тугæйдзагæй слæсти. Дардæй лæгъстæгæнгæ æрбацæуы æмæ йын зæгъы: ’ — Æз мæгуыр лæг, маргæ мæ ма акæ, æмæ уын уæ къæхтæ æхсдзынæн. Амран йæ мидзæрды зæгъы: «Уæддæр мæнæ иунæг куы уыдзæн». Сауджын æрбацыди æмæ йын зæгъы: — Æлдар, ды фæлмæцыд дæ æмæ гыццыл æрхуысс! Амран фæлмæцыд куыннæ уыди, æмæ уайтагъд афынæй. Сауджын ныццыди, хæст кæм уыд, уырдæм, æмæ дзы иу арц рахаста. Фынæй Амранмæ ссыди, арц ын йæ дæларм ныццавта: лæг уым фæмард. Йæхæдæг усмæ бацыди æмæ йын зæгъы: • — Хуыцау дæ мæнæн радта æмæ иумæ цæрдзыстæм! Ус ын загъта: ■■■.• ’: . — Уæдæ кæй уыдзынæн... цæгатаг мæнæн нал ис, сæры хицау мæнæн нал ис. Дæуæй хуыздæр ма мын чи уыдзæн. Фæлæ, ца- лынмæ мæ хъынцъым зæрдæ ссыгъдæг уа, уалынмæ мæм æппын- дæр æмгæрон ма ’рцу! Сауджын дын ныббуц æмæ, усы зæрдæ цæмæй дзæбæх кæна, ууыл архайы. ’ Иубон фæндагыл фæцæуы сауджын, æмæ иу лæг кæсæгтæ æрбахæссы. Сауджын зæгъы: «Адон мæ усæн куынæ балхæнон, йæ зæрдæйæн æхсызгон уыдзысты æмæ мæ фылдæр бауарздзæн». Балхæдта кæсæгтæ. Рахаста сæ йемæ æмæ йын фæндаджы рыгыл æрызгъæлдысты. Рыджы мидæг стылдысты. Сауджын загъта: «Рыгæй мын сæ куы фена, уæд мын йæ зæрдæйæн хъыг уыдзæн». Йæ цуры суадон. Сауджын сæ уырдæм бадавта. Кæ- сæгты доны куы ’ркалдта æхсынмæ, уæд кæсæгтæ фæйнæрдæм ныгьтъыбар-тъыбур кодтой æмæ адымдтой. Сауджын ныххудти: «Ацы диссаг мæ усæн куы радзурон, уæд ма уымæй хуыздæр диссаг цы фехъусдзæн! Мæ кæсæгты бахас- тæй йын уыцы дзырд æхсызгондæр уыдзæн». Худгæ-худгæ бауад æмæ йæ радзырдта Тамарæн. Тамар ын загъта: — Æз фехъуыстон, æртæ боны ахст кæсаг уазал доны куы стула, уæддæр ын æнæ сыгас нæй. Ныр базармæ ацу æмæ мын дзæбæх дыргътæ æрбахæсс, цъус мæ зæрдæ фæхъæлдзæг, æмæ мын’дыргътæ æрымысыд. ’ Сауджын ныццин кодта: «Æгайтма мæ усагæн йæ зæрдæ фæ- хъæлдзæг!» Уый уырдæм куы ацыдис, уæд Тамар цæрдæг фес- 48
тад, суадонмæ бауади æмæ фыццаг Мысырбийыл æркалдта дон. Мысырби цы уыди, уый фестади. Иннæ æфсымæрты дæр æрæхсад- та æмæ, цы уыдысты, уый фестадысты. Сауджын æрбахæццæ. Æфсымæрты куы ауыдта, уæд йе ’фсæр æрхаудта æмæ дзуры: — Ма мæ амарут, фæрæдыдтæн. :. ;' Амран æм дзуры: — Дæ номыл цирхъ рариугъын тæригъæд у, фæлæ мын æнæ ариуыгъгæ нæй. Иу дурцæджындзы фарсмæ æрбалæуу, æмæ æз иннæрдыгæй ныццæвдзынæн: дурцæджындз кæцæй ахауын кæн- дзæн мæ цирхъ, фæлæ мæнæн мæ маст уымæй ацæудзæн. Балæууыд сауджын, æмæ рариуыгъта цæджындзы Амран. Цæджындзы дæр ахауын кодта æмæ сауджын дæр йæ астæ- уыл ахауд. Сауджын йæ цæф нæ базыдта. Уый куы амардтой, уæд сбадтысты сæ бæхтыл, рацыдысты æмæ æрцыдысты сæ фыды хомæ. Сæ фыды хойæн æхсызгон куыннæ уыди, арвыста алы ка- лакмæ: иу мин хъом фæцагъта, æртæ мины — лыстæг фос. Чындзæхсæв сарæзта, æртæ мæйы сæ нæ ауагъта. АРГЪÆУТТÆ АРС, БИРÆГЪ ÆМÆ РУВАС Арс, бирæгъ æмæ рувас загътой кæрæдзийæ æфсымæртæ. Ацы- дысты балцы, фæндагыл ссардтой иу нард хъазы мард, се ’ппæ- ты фаг нæ кодта, кæцы йæ бахордтаид, уый нæ зыдтой. Æрхъуы- ды кодтой æмæ загътой: æгъдаумæ гæсгæ, хистæр азтæй чи у, уый йæ бахæрæд. Бирæгъы бафарстой: — Дæуыл цал азы цæуы? Уый сын загъта: , — Адæмæн Хуыцау фос куы радта, гъе уæд райгуырдтæн. Рувас куыддæр уыцы ныхæстæ фехъуыста, афтæ дын хъарæг кæнын æмæ цæстысыг сæрфын систа. Фæрсынц æй йе ’мбæлттæ: — Цæуыл кæуыс? — Куыд нæ кæуон, уæ рын бахæрон! Хуыцау адæмæн фос куы радта, уæд мæнæн мæ хистæр фырт куы æрбамард! . Арс сæм фæхъуыста, фæхъуыста æнцад, стæй загъта: — Кæд мæныл цыппар азы йеддæмæ нæ цæуы, уæддæр, тых- джындæр кæм дæн, уым æз ацы хъазæй ницы ратдзынæн. Йæхæдæг дын уыцы хъазы мардæн йæ мырт-мырт ссæуын кодта. 4 Ирон Л1ггсратур.т сывæлллггтæн 49
УЫЗЫН Уызыны æрцахстой, хæдзармæ йæ бакодтой æмæ йæм дзæбæх зылдысты: алы дзæбæх хæринаг, алы дзæбæх нозт ын лæвæрд- той. Уæддæр хъыг кодта, ныуулæфыди-иу æмæ-иу загъта: — Уæ мæ хæдзар, мæ хæдзар! Уæд иубон загътой: — Цæй æмæ йæ ауадзæм, уагæры йын цавæр хæдзар ис, алы бон кæй кой кæны æмæ кæуыл хъæрзы. Ауагътой йæ æмæ йæ фæдыл ацыдысты, йæ хæдзар ын фенæм, зæгъгæ. Уызын араст æмæ сындзы къудзийы бын бабырыд, йæхи ауагъ- та, зæрдæйы бынæй ныуулæфыди æмæ загъта: — Æй! Хи хæдзар, цы дзæбæх дæ, цы, дæуæй хуыздæр куы ницы и! РОБАС ÆМА Æ БÆДОЛÆ Робас хонхи цæгатæй Муртазати сугъдæмæ æ реу дардта. Æ бæдолæ ’ймæ дзурдта: — Ци кæни, мæ мадæ, дæ реу кумæ дарис? — Сугъдæ нæ инис? Уордæмæ мæхе тавун. Еу сахат ку рацудæй, уæд робасæн æ бæдолæ фестъæлфтæй, хæрдмæ фæххаудтæй. Робас имæ дзоруй: — Ци кæнис, мæ бæдолæ? Цæмæй фæттарстæ? — Тæрсгæ нæ фæккодтон! — Мадта ци кодтай? — Муртазатæй мæбæл зинг æрбастьæлфтæй, æма басугъдтæн. Уæд робас уотæ: — Æнгъæлдæн, ду мæнæй робасдæр уодзæнæ! ЗÆРОНДТИКИС Тикис базæронд æй æма йин гæнæн ку нæбал адтæй мистæ ахæссунмæ, уæдта загъта æрвгæн: — Йæ, æрвгæ, дæ сæр мæ багъудæй! — Ци дæ фæндуй? — бафарста æрвгæ. Йе ба йин загъта: — Мæнæ мæ уинис, рахезунгъон нæбал дæн, мæ сæрæн нæбал дæн. Нур ба, миститæй ма ка йес, уонæн мин фегъосун кæнæ мæ хабар: базæронд дæн, хадзи кæнунмæ цæун. Нур ба мæ заманти исзиантæ кодтон миститæй: кæмæн æ мади, кæмæн — æ мади мади, кæмæн — æ цæуæт. Нур ба мæ адзали надбæл ниллæудтæн, ’ма мæмæ цæмæй æрцæуонцæ ’ма мин цæмæй ниххатир кæнонцæ, уой. Æрвгæ загъта: — Фæццæудзæнæн сæмæ. Фæццудæй сæмæ ма син зæронд тикиси минæвардзинадæ ба- лæдæрун кодта. 50
Йетæ (миститæ) загътонцæ: — Ци мæнкъæй ма ни йес, уони нин ниссæрфунмæ гъавуй. Нæ баууæнддзинан уой размæ бацæун: ниннæсæрфдзæнæй, ка ма ни йес, уони. Æрвгæ раздахтæй фæстæмæ тикисмæ ’ма йин загъта мистити дзуапп. Тикис никкудтæй, зæронди зæрдæ куд исхъурмæ уй, уотæ: — Æдта мæнбæл мæ зæруй æууæнкæ цæмæн нæййес мæ Ху- цауи надбæл раздæхгæй?! Фæстæмæ бабæй йæй рарвиста, баæууæндун мæбæл кæнæ, зæгъгæ. Дзорун син райдæдта æрвгæ миститæн бабæй ’ма сæ æрсаста. Загътонцæ йин: — Ци рауæнмæ мадта бамбурд уæн? Æрвгæ загъта, уобæл тикисæн æхе бафæрсон, зæгъгæ. Тикис 6а ин загъта мæтьæлæй, бæлгъурæй, гъæ, мæнæ еу моси лигъзи бам- бурд уотæ, зæгъгæ. Æз дæр уордæмæ рацæудзæнæн, зæгъгæ. Æ дзурд æ хъурæй нæ хаудтæй, уотемæй дзоруй æрвгæн еци гъуддаг. Æрвгæ раздагъдæй фæстæмæ, миститæмæ фæххæссуй фæстаг хабар ’ма син загъта: — Мæнæ еу моси лигъзмæ æрæмбурд уотæ, зæгъгæ, нин зæ- гъуй тикис. Цæуæнтæ, зæгъгæ, ’ма ранæхстæр æнцæ, æрвгæ сæ разæй, уотемæй мистити хауæггæгтæ. Æрцудæнцæ моси лигъзмæ. Æрæййафтонцæ зæронд тикиси, мæгьæлæй бадгæй моси лигъзи. Æрæмбурд æнцæ миститæ зилдæгæй мосбæл. Æ гъостæ бунмæ æрхъæрттæнцæ, уотемæй мæтъæлæй бадуй тикис. Æрсагъта сæ æрвгæ мистити зилдæгæй. Уæдта тикисмæ дзо- руй æрвгæ: — Гъа, мæнæ бамбурд æнцæ мистити хауæггаг къуар! Уæдта æ сæр исæргъувта зæронд тикис æма дзоруй æрвгæмæ: — Бамбурд айтæ еугурæйдæр? Æрвгæ ба йин загъта, бамбурд ан, æррæвдзæ ан, зæгъгæ. ’Ма сæмæ уæдта дзоруй тикис: — Базæронд дæн, хадзи кæнунмæ цæун. Æ мадæ, æ фидæ кæмæн рамардтон, етæ мин ниххатир кæнæнтæ аци бон. Миститæ, мæгур, сæ гъостæ фæхъхъел кодтонцæ и дзæбæх загъдмæ. Дзоруй тикис, æрвгæ, кæми дæ, зæгъгæ. Дзæбæх уорамæ, зæгъгæ. Ралæуирдта зæронд тикис, зæронд дæр нæбал адтæй, уотемæй сæ ниррæдзæхта, ци мæнкъæй ма си адтæй, йе хауæг- гæгти фæцæй. ЗÆРОНД БИРÆГЪ Уыдис иу бирæгъ æмæ фыдзæронд бацис. Иубон афтæ зæгъы йæхицæн: «Бирæ фос фæцагътон, бирæ зиан фæхастон адæмæн, ныр хъуамæ фæцæуон Чабæмæ, ссыгь- дæг кæнон мæ тæригъæдтæ. 51
Араст ис йæ фæндагыл, уæдæ.цы уыдаид. Бирæ фæцыдаид, цъус, чи йæ зоны, фæлæ бахæццæ иу æрдузмæ. Æрдузы астæу хызтис иу къуылых бæх. Бирæгъ æм йæхи хæстæг баласта æмæ йæм дзуры: — Мæнæ бæх, хæрдзынæн дæ. — Уайых фæуай, зæронд бирæгъ, æмæ мæ куыд хæрыс, мæ уæлæ фыды ’ртау куы нæ ис, стæй мæ къах дæр хъæдгом куы у, æрбакæс-ма йæм хæстæгдæр æмæ йæ фен, — дзуры йæм бæх. Бирæгъ бæхы къахмæ кæсыныл куыд фæцис, афтæ йæ бæх рариуыгъта æмæ йын йæ ныхыфæйнæг ныммур кодта. Уый фæстæ ма иу лæгæтмæ кæуылдæрты бабырыд æмæ уыцы ран фæсад иуцасдæр. Бадзæбæх ис æмæ та араст ис Чабæмæ. Иудзæвгар куы фæцыди, уæд бафтыд иу хъæды кæронмæ. Хъæды кæрон хызтысты дыууæ фыры. Бирæгъ сæ куы ауыдта, уæд йæхины- мæр дзуры: «Цæй, æмæ ма ацы фырыты бахæрон, цы уæлдай ма у, уæддæр Чабæмæ куы нæма фæхæццæ дæн». Йæхæдæг фыры- тæм хæстæг бацыд æмæ сæм дзуры: — Мæнæ фырытæ, хæрдзынæн уæ. — Уайых фæуай, зæронд бирæгъ, æмæ нæ афтæмæй куыд хæрыс? — Уæдæ куыд? — Уæдæмæ ды нæ астæу æрлæуу, мах фæйнæрдæм фæцæу- дзыстæм, æмæ дæм куы ’рбазгъорæм, уæд, фæстейы чи аззайа, уый-иу бахæр раздæр, стæй та — иннæйы. Бирæгъ сразы. Æрлæууыд астæуæй. Фырытæ фæйнæрдæм фæцыдысты, стæй сæхи рауагътой дыууæрдыгæй æмæ бирæгъы фæрсчытæ æмцæф ныккодтой. Бирæгъ атылди, уæдæ цы уыдаид, йæ фæрсчытæ ныммур сты, æмæ уæлæмæ стын нал уыд йæ бон. Цас фæсадаид, чи.йæ зоны, фæлæ та уæддæр сдзæбæх ис æмæ та сфæнд кодта Чабæмæ. Цæуынтæ та байдыдта. ’ ’ , Хъæугæрон иу дыгæрдыг хызтис. Бирæгъ æй куы ауыдта, уæд та уый дæр хæрынмæ бахъавыдис. — Афтæ хæрдæй ницы, — дзуры йæм дыгæрдыг. — Уæдæ куыд? — фæрсы йæ бирæгъ. , •■ — Уæдæмæ æз ныззардзынæн, ды-иу схъырн, стæй-иу мæ уыйфæстæ бахæр. , , Дыгæрдыг ныббогъ-богъ кодта, бирæгъ нынниудта. Хъæу рафæдис кодтой сæ хъæрмæ æмæ бирæгьы ныммардтой. РУВАС-НОМÆВÆРÆГ Рувас æмæ арс иумæ цардысты. Уæд иубон сæ куыстмæ ацыдысты, хуымы куыстмæ. Æмæ рувас куы сæххормаг, уæд афтæ бакодта: — У-у! — зæгъгæ. Арс æй фæрсы: — Цы кодтай, Буба? 52
— Æлдаратæн лæппу райгуырд, æмæ мæ сæхимæ хонынц но- мæвæрæгæн. Рацыди рувас уырдыгæй. Æмæ рувас æмæ арсæн царв уыди сæ хæдзары, иу дурын йæ тæккæ дзаг. Рувас сæхимæ бауади æмæ царвæй бахордта. Фæстæмæ куы аздæхт хуыммæ, уæд æй арс фæрсы: — Цы йыл сæвæрдтай? — Былкъахыр, — загъта рувас. Сихор куы сси, уæд та рувас фæкодта: -У-у! : — Цы та кодтай, Буба? — фæрсы йæ арс. Рувас дзуапп радта: — Мæ ном сæ зæрдæмæ нæ цæуы: дыккаг ном, дам, ыл æвæ- рын хъæуы, зæгъынц. — Ацу, Буба, æмæ-иу тагъд раздæх фæстæмæ, — зæгъы йын арс. Ацыди рувас æмæ царвæн йе ’рдæг бахордта. Фæстæмæ æрба- цыд рувас, æмæ йæ арс фæрсы: , — Гъы, цы ном ыл сæвæрдтай? — Астæунарæг-Гуырвидауц, — загъта рувас. Гыццыл фæстæдæр та сæххормаг рувас æмæ та фæкодта: -У-у! — Цы та кодтай, Буба? — фæрсы арс. — Сæ ном та сæ зæрдæмæ нæ цæуы, æмæ та, дам, ыл ног ном сæвæр, — дзуры рувас. Арс ын загъта: — Ацу æмæ йыл ном сæвæр. Кæд сæ зæрдæмæ цæуа, — хорз, кæннод ыл æндæр ном нал сæвæрдзынæн, зæгъгæ, сын зæгъ. Рувас ацыд æмæ бынтондæр бахордта царв æмæ дурыны фæ- нык ныккодта. Æмæ фæстæмæ æрбаздæхт. Арс æй фæрсы: — Гъы, Буба, цы ном ыл сæвæрдтай? — Быныстæрд, зæгъгæ, йыл сæвæрдтон. — Уæдæ хорз, — загъта арс дæр. Изæрæй сæхимæ æрцыдысты. Æмæ арс загъта: — Цу-ма, Буба, дæ царв рахæсс, æмæ дзы фæлладæй ахæрæм. Рувас Буба царвы дурын рахаста æмæ йæ арсы цур æрæвæрдта. Рувас афтæ зæгъы: — Абон йæ сæр гомæй баззад æмæ йыл рыгтæ фæбадтысты. Æмæ дæ цæстытæ ныйирд кæ æмæ йæ ныффу кæ. Арс йæ цæстытæ ныггом кодта æмæ дурын ныффу кодта, æмæ йæ цæстытæ байдзаг сты. «Ай мæ цæрын нал ныууадздзæн», — загъта рувас æмæ алыгъди. Арс æй фæсте сурын байдыдта, æмæ йæ иу ран куы баййæф- та, уæд ын йæ къæдзилыл фæхæст æмæ йын æй ратыдта. Рувас алыгъди. Уæд арс афтæ зæгъы: — Цæугæ, ныр мын нал аирвæздзынæ, æнæкъæдзил рувас нæй дæуы йеддæмæ. 53
Рувас уæд хъуыды байдыдта: «Мæрдты дæр мæ нал ныууадз- дзæн, уый тыххæй æмæ æнæкъæдзил рувас мæн йеддæмæ никуы- уал ис, æмæ исты æрхъуыды хъæуы». Кæсы, æмæ иу ран иу сывæллон йæ авдæны бафынæй, йæ фарсмæ, хъазгæ кæмæй кодта сывæллон, ахæм фæрдгуыты хал. Рувас сæ йæ хъуырыл бакодта. Уæд æй иннæ рувæстæ фæрсынц: — Мæнæ цы рæсугъд фæрдгуытæ ис! Кæм дын уыдысты? Мах дæр сыл куы фæхæст уаиккам. Рувас загъта: — Уый хæрзæнцон у. Дæлæ донмæ йыццæут æмæ дзы уæ къæдзилтæ нытътъыссут æмæ сæ бонмæ уым фæдарут. Нытъгьыстой сæ уым. Уыдис зымæг. Бонмæ уым фæбадтыс- ты. Бонæй адæм зынын куы байдыдтой, цуанæттæ куы фæзын- дысты, уæд рувæстæ фæтарстысты, фæлæ сæ къæдзилтæ ныйих сты, схæц-схæц кæнынц — нæй, æмæ сæ уæд атыдтой æмæ алыгъ- дысты. Алырдыгæй дуне æнæкъæдзил рувæстæй байдзаг. Арс рувæстæй куы иуы æрцахсы, куы иннæйы æрцахсы, уæдæ ды уыдтæ «мæ гæнæг», зæгъгæ. Куы нал дзы фæрæзтой арсæй рувæстæ, уæд мæгуыр лæджы тæскъ радавтой æмæ йæ схастой къуыбырмæ. Стæй арсмæ фæсидтысты æмæ йын загътой: — Ардæм рацу. Арс сæ фæрсы: — Æмæ уын ацы тæскъ та цы у? Рувæстæ загътой: — Мах ацы тæсчъы ныббырдзыстæм æмæ дæлæ уæтæрмæ ныттулдзыстæм æмæ уым фысы фыд хæрдзыстæм, цас нæ хъæуа, уыйас. — Уæдæ дзы мæн цæвæрут, — загъта арс. Арсы уым нывæрдтой, йæ сæр ын куыддæртæй ныффидæрттæ кодтой æмæ йæ къуыбырæй ратылдтой, сæхæдæг хъæр кæнынц фыййæуттæм: — Арс уæм фæтулы æмæ уын хæрдзæн уæ фос, фæлæ хъахъ- хъæнут! Арсы уым ныммардтой фыййæуттæ, рувæстæ та æгасæй баз- задысты. Ууыл ахицæн хъуыддаг. ХОРЗГÆНÆГ ХОРЗ НÆ АРЫ Пиллон арт суагътой быдыртæ. Сыгъд ссыди бæстыл. Удгой- магæй цыдæриддæр змæлыд бæстыл, уыдон лыгъдысты. Иу ба- рæг тæргæ-бæхæй фæцæйцыд сыгъдæй, баййæфта калмы. — У-у, дæ хорзæхæй, — загъта калм, — фервæзын мæ кæн, иу боны сæрæн дын феххуыс уыдзынæн. ^Калмы йæ роны бавæрдта лæг æмæ фæцæуы дарддæр. Сыгъ- дæй аирвæзт, æмæ йæм калм дзуры: — Дæ хорзæх мæ уыд, æмæ мæ дæ сæрмæ æввахс искуы æрæ- вæр: æнуд кæнын дæ роны. 54
Лæг систа калмы, суагъта йæ сæры ’рдæм, æмæ куыддæр æгъдауæй калм лæджы хъуыры аирвæзт æмæ лæджы ахсæны æрбынат кодта. Æдас ранмæ ахызтысты. Лæг баурæдта йæ бæх æмæ дзуры: — Сыгъдæй тас нал у, ралæс æддæмæ. — Уайтагъд дын куыд нал алæсдзынæн ардыгæй! Хæрзгæнæг хорз кæм ссардта, уырдæм мæ фæлас æмæ уæд абырдзынæн. Дунетыл фæзылди лæг; удгоймагæй кæй нæ бафарста, иу ахæм нал баззад, фæлæ хæрзгæнæг хорз кæм ссардта, уый ничи зонгæ кодта, ничи хъусгæ фæкодта. Гæды ма баззади æнæфарст. — Цæй, æххæст ма бафæрсон гæдыйы дæр, — загъта тыхст лæг, — цæмæй мауал æхсайа уымæ дæр мæ зæрдæ. — Хæрзгæнæг хорз кæм ссардта, уый æз зонын, уæдæ ма гæды цæмæн дæн. — Кæм уæддæр? — бафарста йæ калм. — Лæг æй бамбардзæн, — дзуры гæды, — дæ сæр радав лæджы дзыхæй æмæ дын æй зæгъон сусæгæй. Калм дын йæ сæр ма радара! Гæды калмы сæр акодта йæ дзыхы, лæджы хъæлæсæй йæ радавта, æмæ дæ фыдгул афтæ: калмæн йæ пырх акалдта уыцы ран. Уæдæй фæстæмæ хæларæй цæрын байдыдта гæды адæймагимæ. АРВЫАЙДÆН Цардысты æмæ уыдысты лæг æмæ ус. Уыди сын иунæг хъæ- бул. Иуахæмы баздæхы лæппу йæ ныййарджытæм æмæ сын афтæ зæгъы: — Кæдмæ фæраздзыстæм ацы мæгуырæй? Бар мын раттут, æмæ искуыдæм фæцæуон: кæд æмæ истæуыл фæхæст уаин, кæд æмæ фырмæгуырæй нал хæриккам нæ хъиутæ. Исдуг нæ разы кодтой мад æмæ фыд сæ иунæг хъæбулы фæн- дыл, фæлæ сæ куынæуал уагъта, уæд æй иуахæмы срæвдз код- той балцы. Мад фæндагмæ сарæзта, хæрынæн адджын, хæссынæн рог чи уыд, ахæм хæринæгтæ. Лæппу бафснайдта йæ фæндаггæгтæ хызы- ны, хæрзбон загъта йæ ныййарджытæн æмæ араст амонд агурæг. Цæуынтæ байдыдта, æмæ цæйбæрц фæцыди, чи зоны, фæлæ уалынмæ схъуаг ис хæринагæй. Уæд бафтыд иу хъæдбынмæ, кæсы, æмæ дзы мæнæ иу бирæгъ. — Бирæгъ, хæргæ дæ кæнын, — дзуры йæм бæлццон. — Ма мæ бахæр, — загъта бирæгъ, — уый бæсты мын дæ разы дæ лæдзæгæй мæ гуыбын ахаф, æмæ дын иубоны сæрæн фёххуыс уыдзынæн. Лæппу ахафта бирæгъы гуыбын æмæ йæ аскъæрдта. Цæуы та дарддæр йæ фæндагыл, бахæццæ иу цæргæсмæ. Цæргæс ацархайдта тæхыныл, фæлæ нæ бафæрæзта. 55
— Цæргæс, хæргæ дæ кæнын, — дзуры йæм лæппу. — Хæрыны бæсты мæ фæлтау фехс хæрдмæ ивазны бæрц, æмæ дын æз дæр иуахæмы ме ’ххуысы хай бакæндзынæн, — загъта цæргæс. Лæппу фехста цæргæсы ивазны бæрц. Уыйадыл цæргæс атахт æмæ кæмдæр фæаууон, лæппу та кодта дарддæр йæ цыды кой. Уалынмæ цæугæ-цæуын кæсы, æмæ мæнæ иу рувас ратул- батул кæны йе рагъы нуæрттыл. — Рувас, дæу мын нал ис æнæ бахæргæ. Нал фæразын æххор- магæй, — зæгътæ лæппу. — Ныууадз уыцы фæнд. Рувасы бахæрд дын бирæ нæ ахæс- дзæн, стæй дын хъуамæ тайгæ дæр ма бакæна мæ фыд, — дзуры рувас. ■— Фæлтау баздæх æмæ мын мæ ком истæмæй бахуылыдз кæн, чи зоны, искуы дæ мæ сæр бахъæуа. Рувасы ком ахуылыдз кодта лæппу æмæ араст дарддæр. Цæуы, цæуы æмæ иу денджызы былмæ бахæццæ. Дендж&з рафæйлыдта, æмæ иу кæф хуыскъыл аззади. Лæппу фæлæбурд- та кæфмæ æмæ йæ рацахста. — Хæргæ дæ кæнын, мæнæ кæф, нал фæразын æххормагæй. — Уу-у, ма мæ бахæр, — загъта кæф. — Чи зоны, куыд вæййы, цы вæййы, искуы зындзинады куы бахауай, уæд дын æз дæр дæ хорз мæ уæлæ нæ ныууадздзынæн. Фæтæригъæд кодта лæппу кæфæн æмæ йæ денджызы басхуыста. Цас ма фæцыдаид, чи зоны, фæлæ уалынмæ æлдары хъæумæ бафтыд æмæ къулыбадæг усы хæдзармæ бараст. — Нана, фысым мын фæут, — дзуры лæппу. — Куы ныл барвæссай, уæд дын мах — мæгуыр фысым, — дзуры къулыбадæг ус. Лæппу бафысым кодта къулыбадæг усмæ, уæдæ цы уыдаид. Ус æм базылд, йæ хæдзары цы ссардта, уымæй. Фысым æмæ уазæгæн дзырд бацайдагъ. Къулыбадæг ус дзуры: — Не ’лдары чызгмæ фæцыдысты курæг алы хæрзæджытæ алы бæстæй, фæлæ сæ никæмæн бакуымдта. Курджытæн-иу чызг ралыг кæнын кодта сæ сæртæ æмæ сæ кауы михтыл æрсадзын кодта, иу сæр хъуаг ма фæци кау. — Æмæ сæ уæд цæй тыххæй ныццагъта, уыйбæрц мæсты сæм- иу цæуыл фæци? — бафæрсы лæппу. - , — Не ’лдары чызгмæ ис арвы айдæн. Уый баздæхы æмæ фæ- зæгъы курæгæн: «Æртæ хатты бамбæхс, кæм дæ фæнды, уым. Æз райсдзынæн мæ арвы айдæн æмæ дæ агурын байдайдзынæн. Кæд æмæ дæ не ссарон, уæд мæ Хуыцау радтадæуæн. Намæ дæ куы ссарон, уæд дын ракæндзынæн дæ сæр æмæ дын æй кауы михтæй иуыл æркæндзынæн». — Мæ амонд мын æнæ бавзаргæ нæй, мæ мады хай, мæнæн дæр, — дзуры лæппу æмæ дыккаг бон минæвар барвыста чызгмæ. Æлдары чызг басидти къулыбадæг усы уазæгмæ. — Æртæ хатты бамбæхс, æмæ дæ кæд не ссарон, уæд æз — дæ 56
амонд, намæ дын ракæнын кæндзынæн дæ сæр, иу сæр хъуаг ма у мæ кау. Лæппу сразы, уæдæ цы уыдаид. Араст денджызы былмæ. Кæф æм фæйлауæныл рацыд æмæ фæрсы лæппуйы: , — Цы хорз дæ хъæуы мæнæй? , — Арфдæр цы ран у, уыцы ран мæ бамбæхс: арвы айдæнæй кæсдзæн æлдары чызг, куыддæр мæ ссара, афтæ сæфын! Кæф фæхæлиу кодта йæ дзых, лæппуйы аныхъуырдта æмæ денджызы бынмæ афардæг. Æлдары чызг райста арвы айдæн, бон-изæрмæ уыцы агуырд фæкодта лæппуйы. Æвæдза, ныр хур æрныгуылы, афтæ йæ ауыд- та. Уæд кæф лæппуйы рахаста доны бынæй хусмæ, æмæ лæппу æлдары чызгмæ бацыд. — Ссардтай мæ, — æнкъардæй дзуры лæппу. — Ссардтон, фæлæ та бамбæхс райсом дæр. Цæргæсы уæлхъус балæууыди дыккаг бон лæппу. — Дæ сæр мæ бахъуыд, цæргæс, — дзуры лæппу. — Æлдары чызг мæ агурдзæн арвы айдæнæй, куы мæ ссара, уæд мын мæ сæр ралыг кæндзæн. Бамбæхс мæ искуы. Цæргæс æй схаста авд хохы сæрты æмæ йæ иу ран айнæджы бын бамбæхста. • ■■■■ Æхсин-чызг та райста арвы айдæн, байдыдта алырдæм фæл- гæсын æмæ дзуры: ,, , — Кæсут-ма йæм, кæсут! Авд хохы фæстæ йæ иу айнæджы бын цæргæс бамбæхста. Уыйадыл та йæ цæргæс фелвæста йæ уæлбазырты æмæ йæ æхсины галуаны раз æрæвæрдта. — Лæппу, ссардтон дæ, — дзуры чызг. — Ссардтай! — загъта лæппу. — Уæдæ-ма райсом дæр бамбæхс, — дæ фæстаг æмгьуыды бон у. —: Цы фæдæ, бирæгъ? — дзуры лæппу. — Кæд ма мын искуы æххуыс кæнынмæ хъавыс, уæд мæ ацы сахатæй хуыздæр никуы- уал бахъæудзæн де ’ххуыс. Бирæгъ æрбалæууыд лæппуйы раз æмæ йæ фæрсы: — Ме ’ххуысы хай дын цæмæй бакæнон? — Арфдæр цы ран у, уыцы ран мæ бамбæхс, — агурæг мæ ис, куы мæ ссара, — байхæлд мæ къона. Бирæгъ æм февнæлдта æмæ йæ дард сау хъæды къодæхты бын бамбæхста. Чызг-æхсин райсомæй куы базылд йæхимæ, уæд райста арвы айдæн æмæ фæлгæсын байдыдта алырдæм. Акасти дæлдзæхмæ, акасти уæлдзæхмæ, — никуы зыны лæппу. Сарæзта айдæн сау къæдзæхтæм, урс хæхтæм, — нæ разынд уым дæр. Хур акъул, уæдæ цы уыдаид. Чызг дын фæхъæр кодта: — Ссардтон æй! Сау хъæды астæу æй цъæх бирæгъ къодæхты æхсæн бамбæхста... 57
— Ссардтай, — загъта лæппу. — Дзырдмæ гæсгæ мыл ныр æмбæ- лы амæлын, фæлæ ма дæ курын: иу æмбæхсты бар-ма мын ратт. . — Уыйбæрц хæлæрттæ кæмæн разынд сырдтæй, мæргътæй, уымæн ма иу æмбæхсты бар куыд нæ ратдзынæн. Райсомæй лæппу араст быдырмæ æмæ дзуры: — Рувас, ды ма мын куы нæ баххуыс кæнай, уæд — сæфт æмæ сæфт! Рувас фестад лæппуйы раз. — Цы дзæбæх дын фæуон? — Кæм мæ не ссарой, ахæм ран мæ бамбæхс. — Цом мæсыджы бынмæ, — дзуры рувас. — Уыцы ран уæрм ракъахæм. Уæрмы ды бамбæхсдзынæ, æз дыл сыджыт æмæ дуртæ ныккалдзынæн; мæхæдæг ус фестдзынæн, слæудзынæн уæрмы сæр æмæ байдайдзынæн æлвисын. Бакодтой, рувас куыд загъта, афтæ. Чызг райсомæй райста арвы айдæн, кæсынтæ систа. Арвы цып- пар къабазæй кæдæм нæ фæкаст, ахæм нал баззад, фæлæ дæрд- тыл никуы æмæ ницы зыны. Уæд арвы айдæн хæстæджытæм са- рæзта æмæ фæлгæсы мæсыджы алфамбылаймæ. Фæкаст, фæкаст æмæ федта: йæ хæд мæсыджы æмбуар иу сылгоймаг ногкъахт уæр- мы сæр æлвисы, уæрмы — æмбæхст лæппу. Фæдис кодта чызг, æмæ диссагдæр та ма цы уыдаид! Уыйбæрц фæцарди, уыйбæрц æм фæцыдысты курджытæ, фæлæ а лæппуйы хуызæн лымæнтæ æмæ хæлæрттæ никæмæн разынди. Æнкъардæй бараст лæппу йæ фысыммæ, ракодта йæ маст, йæ хъаст къулыбадæг усæн. Усы зæрдæ фæтæнæг йæ уазæгмæ. — Мæ уазæджы хай, — дзуры къулыбадæг ус. — Афтæ-ма бакæнæм! — Куыд? — фæрсы лæппу. — Бафæлвар-ма иу хатт, цæмæй ма дын æлдары чызг ратта иу хатт бамбæхсыны бар. Чи зоны, æмæ дæ амонд фæуæлахиздæр уа, ма йæм бафсæрмы кæн. Радта ма чызг лæппуйæн æмбæхсыны бар. Уæд райсомæй къулыбадæг ус ныхас кæны уазæгимæ: — Хъусыс, мæнæ дæ нымæтын ехсæй æрцæвдзынæн, æмæ ды рæсугъд егар фестдзынæ. Бахондзынæн.дæ æз чызджы мæсыгмæ. Чызг дæ агурын байдайдзæн дардыл зæгъай æмæ хæстæгыл дæр. Фæлæ-иу ды баздæх æмæ чызджы фæстæ слæуу æмæ, уый куыд зила, афтæ зил ды дæр йæ фæстæ, цæмæй дæ не ’рцахса арвы айдæн. Уыйадыл æй нымæтын ехсæй æркъуырдта лæппуйы, æмæ лæппу егар фестади. Бараст къулыбадæг ус чызджы мæсыгмæ. Æхсин æмæ йæ алыварс адæм цинтæ кæнын байдыдтой, рæвдыд- той йæ. Куыдз марадз-зæгъай æмæ искæмæ фæкаст, чызджы фæстæ слæууыд æмæ змæлгæ дæр нал кæны. Æлдары чызг райста арвы айдæн, байдыдта кæсынтæ. Куыд зылди алырдæм, афтæ егар дæр зылдис йæ хæд фæстæ, цæмæй йæ чызджы аууонæй арвы айдæн ма ’рцахстаид. 58
Уыцы ракæс-бакæс фæкодта æлдары чызг арвы айдæнæй. Стыр сихорафон сси, чызг нæ уадзы йæ каст, хур дæр аныгуылд, уæд- дæр ма фæлвæрдта, лæппуйы цæмæй ссардтаид, ууыл, фæлæ йæ нал æрцахста йæ арвы айдæн. Уæд дзуры æлдары чызг: — Нал дæ ссардтон. Рацу, æвæццæгæн æмæ, мæ ныв, дæ хай цæмæй фæуон, афтæ уыди. Уыйадыл къулыбадæг ус мæсыгæй айста йæхи, ракъуырдта нымæтын ехсæй егары, егар фæстæмæ цы уыди, уый фестади. Бирæ хæзнатæ балæвар кодта æлдар йæ иунæг чызгæн, йæ сиах- сæн, арфæ ракодта. Къулыбадæг ус та сын йæ нымæтын ехс радта. Лæппу æмæ чызг сбадтысты хæдтулгæ уæрдоны æмæ æд хæз- натæ æрфардæг сты сæ хæдзармæ. Тынг базæронд сты уæдмæ лæппуйы ныййарджытæ. Лæппу сæ нымæтын ехсæй æрцавта, æмæ сæ дыууæ дæр æрыгæттæ фес- тадысты. РАСТ ЛÆГ ÆМÆ ЗЫЛЫН ЛÆГ Уыдис дын раст лæг æмæ зылын лæг. Иухатт балцы ацыдысты. Раст лæгмæ фæндаггаг уыдис мыдамæстытæ, зылын лæгмæ та æнтыдджынтæ. Бирæ куы фæцыдысты, уæд сæххормаг сты æмæ æрбадтысты кæрдзын хæрыныл. Зылын лæг афтæ дзуры раст лæгмæ: — Цæй, дæ мыдамæстытæ уал бахæрæм. Æнтыдджынтæ ницы бæллиццаг сты, æмæ уал сæ фæстæдæрмæ уадзæм. Сразы ис раст лæг. Систа йæ мыдамæстытæ, бахордтой сæ æмæ та дарддæр цыдысты сæ фæндагыл. Иудзæвгар куы фæцыдысты, уæд раст лæг дзуры зылынмæ: — Цæй-ма, де ’нтыдджынтæй ахæрæм, сæххормаг дæн. — Æмæ дын, кæй сæххормаг дæ, уый мæ цæф у? Кæд дæ кæр- дзын хъуыд, уæд дæхимæ дæр куы уыди фæндаггæгтæ — цæуылнæ сыл фæцауæрстай? — загьта зылын лæг, йæхæдæг систа йæ æнтыд- джынтæ æмæ хæры, раст лæджы хъуыды дæр нæ кæны. Йæ бон куынæуал уыд раст лæгæн æххормагæй, уæд ын лæгъстæ кæнын байдыдта: — Мæлын сыдæй, æмæ мын иу къæбæр авæр, стæй дæхи дзых дæ тæрхон, цы зæгъай, уымæй дын æй бафиддзынæн. Зылын лæг загъта: — Æри мын дæ иу цæст, æмæ дын уæд ратдзынæн, кæннод — нæ. Раст лæгæн гæнæн æмæ амал куынæуал уыди, уæд сразы, æмæ йын зылын лæг йæ цæст скъахта, йæхæдæг ын иу къæбæр радта. Цас ын баххуыс кодтаид уыцы къæбæр! Уайтагъд та сæххор- маг æмæ та байдыдта лæгъстæ кæнын: — Мæ мыдамæстытæ иумæ куы бахордтам, уæд цас диссаг у, де ’нтыдджынтæй мын куы авæрай, уæд? 59
Зылын лæг ын загъта: — Æри мын де ’ннæ цæст дæр, кæннод мæнмæ кæрдзын нæй. Скъахта йын йе ’ннæ цæст дæр, æмæ раст лæг бынтон ба- куырм и. Зылын лæг æй уым ныууагъта, йæхæдæг афардæг ис. Раст лæг куырмæй бырын байдыдта, афтæмæй иу саппы цурмæ бахæццæ. Саппæн йæ разы уыд мидæмæ къахт, æмæ лæг ууылты бабырыд. Афтæмæй дзы мидæгæй разынд æвæджиау рæсугъд хæдзæрттæ. Лæг катайтæ байдыдта: «Ай кæдæм æрбафтыдтæн», стæй уæд сынтæджы бын бабырыди. Уалынджы æрцыдысты арс, бирæгъ æмæ рувас. Бацыдысты хæдзармæ æртæ дæр æмæ ныхас æрæф- тыдтой, кæмæ цы фæллой ис, ууыл. Арс загъта: — Мæнæн уæлæ бæласы ис мыд, æмæ исчи цæстцух куы уа, рынчын, æмæ уыцы мыдæй йæхи куы фæхъæстæ кæна, уæд, цы уыд, авд ахæмы хуыздæр фестдзæн. Рувас загъта: — Мæнæн уæртæ фæсдуар дзæкъулыдзаг æхцатæ ис, æмæ мидæмæ куы цæуын, уæд сæ бацæгъдын, æддæмæ куы цæуын, — уæддæр, æмæ мæ зæрдæйæн æхсызгон вæййы. Бирæгъ загъта: — Уæдæ æз иу фыййау зонын æмæ йæм куы бацæуын, уæд мын йæ цуанон, фыййауы фосæй хуыздæр чи вæййы, уый мæ фыццаг скæны, æмæ йæ бахæрын. Ацы ныхæстæм куырм лæг хъуыста сынтæджы бынæй. Арс, бирæгъ æмæ рувас куы ацыдысты, уæд лæг сынтæджы бынæй рабырыд æмæ раздæр бацыди, мыд кæм уыд, уырдæм. Мыд куы ссардта, уæд дзы йæ цæстытæ айсæрста, æмæ, цы уыды- сты, авд ахæмы хуыздæр фестадысты. Уыйфæстæ æхцатæ йемæ рахаста æмæ рафардæг ис йæ фæн- дагыл. ., Бахæццæ иу фыййаумæ: фыййау кæуы æмæ дзыназы. Уый бафарста: — Цæуыл кæуыс, цы фыд дыл æрцыд? Фыййау загъта: — Мæ фосы сæрты бон-изæрмæ цъиуатæхæг нæ ауадзын, фæлæ сыл цыдæр сагъуыд, æмæ ахæм бон нæ ацæудзæн, иу кæнæ дзы дыууæ цы бон нæ фесæфа, æмæ ууыл кæуын. — Æз дын сæ куы фервæзын кæнон, уæд мын цы ратдзынæ? — Се ’рдæг дæу фæуæд. — Уæдæ дæ гадзайы амар: уый бирæгъæн хæрын кæны дæ фосы, æмæ йæ ды нæ зоныс. Фыййау байхъуыста фæндаггонмæ, сæххæст кодта йæ ныхас, æмæ, æцæгдæр, уыцы бонæй фæстæмæ йæ фосæй иу дæр нал фæхъуыд. Раст лæг дын æд фос, æд æхца æрцыд сæхимæ. Афтæмæй йыл æрбамбæлд зылын лæг æмæ йæ фæрсы: — Кæм дын уыдысты атæппæт фæллой? 60
Уый йын радзырдта, куыд сæ ссардта, уый. Зылын лæг дæр ныццыд æмæ уыцы сынтæджы бын бабырыд. Изæры, арс, бирæгъ æмæ рувас куы æрбацыдысты, уæд æрдиаг байдыдтой сæ фæллойыл. Сæхæдæг дын сынтæджы бынæй лæ- джы раластой, афтæмæй йæ ныцъцъæл, ныммур кодтой æмæ йæ дымгæмæ ныддардтой. ФÆНЫКГУЫЗ Цардысты æмæ уыдысты иу хъæуы æртæ æфсымæры. Дыууæ хистæры æрхастой устытæ. Кæстæр уыд Фæныкгуыз. Фæны- кæй-иу кæрдзынтæ куы райстой, уæд-иу гуылыл йæхи ныццавта æмæ-иу æй ахордта. Сывæллæттæ та-иу кæугæ кодтой гуылыл. Сфæлмæцыдысты дзы устытæ. Иубон æй дуармæ раппæрстой æмæ йæ мидæмæ нал бауагътой. Уæд Фæныкгуыз бадзырдта йæ чындзытæм: — Мидæмæ мæ нал уадзут, фæлæ мын иу дзæкъулы дзаг фæ- нык, иу ногахст цыхт, йæ сылы куыд миза, афтæмæй, æмæ иу туас радæттут. Устытæ йын йæ дзырд сæххæст кодтой. Райста сæ æмæ цæуы йæ фæндагыл: йæхæдæг дæр æй нæ зоны, кæдæм цæуы, уый. Бирæ фæцыди, цъус фæцыди, уæддæр бахæццæ иу стыр доны цурмæ. Донæн йæ фаллаг фарс бады уæйыг æмæ куы ныуулæ- фы, уæд бæстæ базмæлы. Фæныкгуыз бахъæр кодта уæйыгмæ: — Уæртæ уый, цы дæ? Рацу æмæ мæ ахæсс, æндæра дæм куы бацæуон!.. Уæйыг фæгæпп кодта æмæ ныхъхъæр кодта: — Куыд бауæндыдтæ ды, куыдзы хъыбыл, мæнæн уыцы ныхас?! — Рацу æмæ мæ ахæсс де ’ккой, æз дæ уымæй нæ фæрсын, — загъта йын Фæныкгуыз. Уæд уæйыг фæмæсты, дуртæ фелвæста æмæ сæ йæ къухты аууæрста — лыстæг бырон ныйисты. Фæныкгуыз дæр йæ цыхт фелвæста, балæмæрста йæ, æмæ йæ сылы æркалд; йæ дзæкъул зæххыл ныццæвы, æмæ йæ фæнык акæлы. Уæйыг тынг катайы бацыд: «Цы диссаг уыдзæн ай? Дурæй дон чи лæмары, дурæй фæнык чи кæны, уымæ исты хъару уы- дзæн, æвæццæгæн». Æрбалæгæрста уæйыг доны æмæ сæккой кодта Фæныкгуызы. Донæн йæ астæумæ куы бахæццæ сты, уæд уæйыг фæрсы: — Уæз дæ куы нæ ис, уæд цæмæй тыхджын дæ? — Ахæсс мæ, кæннод дыл мæ уæз куы æруадзон, уæд зæххы аныхсдзынæ, æмæ сæфыс! — загъта йын Фæныкгуыз. — Мæнæн мæ уæз уæларвмæ баст у æфсæн рæхыстæй. — Чысыл ма мыл æй æруадз, — загъта уæйыг, — æмæ мæ бауырна. Фæныкгуыз туас фелвæста æмæ йын æй йæ дыууæ уæны æхсæн аскъæрдта. 61
Уæйыг ныхъхъæрзыди: — Мауал мыл æй æруадз, фæмæлын! . Ахызтысты доны иннæ фарсмæ. Фæныкгуыз уæйыджы æккойæ æрхызт æмæ йын загъта: — Гъеныр мæ дæ хæдзармæ фæхон. Уæйыгæн ма цы гæнæн уыд. Араст сты. Бирæ фæцыдысты, чысыл фæцыдысты, уæддæр бахæццæ сты авд уæйыджы хæдзармæ. Уæйыг йе ’фсымæртæн сæ уазæджы хабæрттæ куы фехъусын кодта, уæд æм дзурын дæр ницыуал уæндыдысты, афтæмæй йæ хорз федтой. Æхсæвы йын бауат кодтой артдзæсты фарсмæ. Уазæг дæр æмæ фысымтæ дæр бахуыссыдысты. Фæныкгуыз кæм бафынæй уыдаид: йæхицæн тарсти, æмæ йыл хуыссæг нал хæцыд. Уалынмæ хъусы, æмæ уæйгуытæ сабыргай сыстадысты æмæ, сæ алыварс цыдæриддæр дур æмæ хъæд уыдис, уыдон æмбырд кæнынц. Хъуамæ йыл уыцы дур æмæ хъæд ердойæ уырдыгмæ ныккалдтаиккой. Уæд Фæныкгуыз йæ хуыссæнтæ фел- вæста æмæ йæхицæн æндæр ран бауат кодта. Уæйгуытæ ердойæ калын байдыдтой дур æмæ хъæд, æмæ суанг цармæ схæццæ сты. Уæйгуытæ сæ кæрæдзимæ дзурынц: — Афонмæ дурты бын ныммарди. Райсом рухс кæнынмæ куы хъавыд, уæд Фæныкгуыз фестад æмæ дурты сæр æрхуыссыд. Уæйгуытæ куы сыстадысты, уæд кæсынц, æмæ — се знаг æнцад-æнцойæ фынæй кæны. Катайы бацыдысты. Уалынмæ Фæныкгуыз дæр райхъал æмæ сæм дзуры: — Уæ хорзæхæй, дысон-бонмæ мæ æхсæнчъытæ куы бахорд- той, уæд уый цы уыд? Уæйгуытæ бынтон старстысты: «Ау, уыцы дуртæ æмæ хъæдтæ æхсæнчъытæ кæмæ кæсынц, уый цы уыдзæн?» Æмæ сæм сæ хистæр дзуры: — Цомут, æхсыры цадмæ ацæуæм æмæ нæ уазæджы бурæ нæл хуыйы раз æрлæууын кæнæм, уымæй сæрæгасæй нал раир- вæздзæн. Æрлæууыдысты цуаны цæуыны къахыл. Уæйгуытæ сæхицæн кæрдзын сæвæрдтой. Фæныкгуызмæ дзурынц: — Ацу, ды дæр рахæсс дæхицæн кæрдзын, æмæ хъуамæ цуа- ны фæцæуæм. Бацыд Фæныкгуыз æмæ, кæрдзын куыд рацæйиста, афтæ йыл рахауд, æмæ лæг йæ быны фæцис. Ныр æм уæйгуытæ æнхъæлмæ кæсынц. Æрæгмæ куы цыд, уæд æм сæ кæстæры барвыстой. Кæс- тæр уæйыг бакаст, æмæ сæ уазæг уæртæ кæрдзыны бын хуыссы. Уæйыг æй фæрсы: — Цы ми кæныс уый? Фæныкгуыз загъта: — Цы ми кæнын, цы, мæнæ кæрдзын мæ гуыбыныл барын, кæд- дæра мæ фаг уаид? Мæ гуыбыныл-ма мын æй дзæбæх æрæвæр. 62
Уæйыг кæрдзын систа æмæ йын æй йæ гуыбыныл æрæвæрдта. — Хорз, мæ фаг уыдзæн. Айс æй ныр æмæ йæ иннæтимæ цæ- вæр, — загъта Фæныкгуыз. Рацыдысты уырдыгæй. Бирæ фæцыдысты, чысыл фæцыды- сты, уæддæр бахæццæ сты, бурæ нæл хуы кæй хъахъхъæдта, уыцы æхсыры цадмæ. — Цæй, сургæ ракæндзынæ æви йæ разы æрлæудзынæ? — Сымах æй расурут, — загъта Фæныкгуыз. Ацыдысты уæйгуытæ æмæ расырдтой бурæ нæл хуыйы. Бурæ нæл хуы рацæуы, æмæ бæстæ æмризæджы ризы. Æрхæццæ, Фæныкгуыз кæм уыд, уырдæм æмæ йæ хъуамæ йе ссырæй срæхуыстаид, фæлæ Фæныкгуыз бæласы аууон амбæх- сти. Бурæ нæл хуы йæ срæхуыста, йе ссыр бæласы аныхсти æмæ йын уым ныффидар ис. Фæныкгуыз фæсте бауад, йæ дымæгыл ын ныххæцыд æм& хъæр кæны: — Цы фестут, æрцахстон æй! Уæйгуытæ æрызгъордтой æмæ йæ фæрсынц: — Куыд æй æрцахстай? — Куыд, куы, йæ фæстаг къахæй, æмæ йæ куы ныззылдтон, уæд йе ссыр хъæды аныхстис. Æргæвдгæ, æмæ йæ хæдзармæ ахæссæм, — загъта Фæныкгуыз. Хæдзармæ куы æрцыдысты, уæд Фæныкгуыз цæуын æрымы- сыд. Уæйгуытæм радзырдта: — Тагъд, сцæттæ кæнут, дыууæйæ цы афæразат, уый — æвзист æмæ сыгъзæрин. Уæйгуытæ сцæттæ кодтой, цы сæм уыд сыгъзæрин æмæ æвзи- стæй, уый. Цæуыны къахыл ныллæууыд æмæ зæгъы: — Дыууæйæ уæргътæ хæссут, иннæ та мын мæхи хъуамæ ахæсса. Уæйгуытæн дæр ма цы гæнæн уыд! Хæдзарæй куы рацыдыс- ты, чи йæ зоны, цас фæцыдысты, уæддæр иу коммæ ныххæццæ сты, æмæ Фæныкгуыз уæйыджы æккойæ рахызт. Уалынмæ ба- хæццæ сты иу ранмæ, æмæ комæн йæ иу фарсæй ракалди бæлас æмæ иннæ фарсмæ хид æвæрæгау ныффæлдæхт. Уæйгуытæ агæп- пытæ кодтой йæ сæрты, Фæныкгуыз йæ алыварс рауай-бауай кæны: йæ бон ахизын нæ уыд бæласы сæрты. Уæйгуытæй йæм сæ иу æрбадзырдта: — Цы ми кæныс, рацу, цæй! — Куыд мыл хъæр кæныс, куыдз! Мæ фыдæн ай хуызæн лæ- дзæг уыд, æмæ йыл фыст уыд, æмæ уымæ кæсын. Æрцу æмæ ма йыл схæц, æз æй фенон, чи зоны, бынæй йыл фыст ис, — загъта Фæныкгуыз. Уæйыг æрбацыд æмæ бæлас систа. Фæныкгуыз йæ бынты рабырыд æмæ загъта: — Æруадз æй, нæй йыл фыст. Уый æфсон фервæзт фыдбылызæй. Дарддæр сæ цыды хай кæнынц. Ныххæццæ сты Фæныкгуы- 63
зы хæдзармæ. Уæйгуыты сауджын федта, афтæмæй сæ фæсте расырдта æмæ сын дзуры: .. • . * — Цæуыл фесæфтат уæхи? Уый Фæныкгуыз куы у, уæд дзы цæмæй тæрсут? Уæйгуытæ йын æмдзыхæй загътой: — Ныууадз нæ, дæ Хуыцауы тыххæй. Мах кæй базыдтам, уымæ Фæныкгуызæй ницы ис. Сауджын сын Хуыцау æмæ сыджытæй ард хæры, сомытæ кæны, уымæ ахæм тыхæй ницы ис, зæгъгæ, стæй сын фæстагмæ загъта: • • :; — Уæдæ мыл кæд не ’ууæндут, уæд мæнæ мæ астæуыл уæхи бабæттут, æмæ, сымах куы хæра, уæд-иу мæн дæр бахæрæд. Уæйгуытæ сразы сты æмæ сауджыны роныл сæхи фидар ба- бастой. Раздæхтысты фæстæмæ, сауджын дæр семæ, афтæмæй, æмæ бацыдысты Фæныкгуызы хæдзары дуармæ. Сауджын Фæныкгуызмæ бахъæр кодта: — Æддæмæ мæм ракæс! Ма бамбæхс! Фæныкгуыз фæныкæйдзагæй рацæуы, афтæмæй сыл фæхъæр кодта: — Гъе, уæртæ хæрджытæ, æрцыдыстут тамæм?! Уæйгуытæ фæтарстысты, уырдыгæй лидзæг фесты æмæ сау- джыны дæр сæ фæдыл ахæр-хæр кодтой. Сауджын дуртæ æмæ бындзæфхæдтыл ныппырх и. КУЫРМ ПАДДЗАХ Иу калак-хъæуæн сæ паддзах амардис. Уæд паддзахы бынаты кæй сæвæрдтаиккой, ахæм лæджы агуырдтой. Иу мæгуыр лæгæн загътой: — Ды хъуамæ уай нæ паддзах. I Мæгуыр лæг зæгъы: , — Ницы ныллæудзынæн! — Нæ дæ ныууадздзыстæм. Ды хъуамæ уай нæ паддзах! Куы нæ æмæ йæ куынæуал уагътой мæгуыр лæджы, уæд сын уый загъта: — Уæдæ мын мæ цæстытæ скъахут, æмæ уын афтæмæй уы- дзынæн паддзах. Адæм схæцыдысты æмæ йын йæ цæстытæ скъахтой, афтæ- мæй йæ паддзахы къæлæтджыныл сбадын кодтой. Уым цардис иу идæдз ус æмæ йын иу рæуæд уыдис. Ууылты иу лæг хæргæф- сыл æрцæйцыди. Идæдзы рæуæд хæргæфсы фæстæ фæлидзæг ис. Уæд идæдзмæ бадзырдтой: — Дæ рæуæд иу бæхджыны фæстæ фæлидзы. Ус йæ фæстæ дугъ райдыдта æмæ йæ нал æййафы. Ус хъæр байдыдта: — О уæртæ бæхджын, фæлæуу-ма, дæ фæндаджы тыххæй! 64
Бæхджын æм фæлæууыди. — Цы дæ хъæуы мæнæй? — Мæ рæуæд дæ фæстæ рацыди, æмæ йæ æрцахсон. — Цытæ дзурыс, цы! Уый мæ хæргæфс ныййардта! — йæ хæр- гæфсы ныцъцъыкк кодта æмæ фæцæуы. Ус йæ фæстæ кæугæйæ дугъ кæны. Хъæумæ бахæццæ сты, æмæ йæм лæг æрлæууыди æмæ йын зæгъы: — Цом, нæ паддзахмæ бахъаст кæнæм. Ацыдысты æмæ паддзахы раз æрлæууыдысты. Лæг рахъаст кодта: — Мæ хæргæфс род ныййардта, ныр ыл ацы ус дау кæны. Ус уæддæр зæгъы: — Мæ хъæу — ме ’вдисæн: мæхи хъуг æй ныййардта. Паддзах сын загъта: — Æрлæуут уал æнцад! Æрлæууыдысты æнцад, паддзах йæхицæн æнцад бады, æмæ йæм кæсынц: бирæ фæлæууыдысты, сæ уæрджытæ фæрыстыс- ты лæууынæй, стæй йын загътой фæстагмæ: — Цæй-ма, исты нын зæгъ. — Сс-сут, æнцад уал лæуут! — зæгъы сын паддзах. Ноджы та бирæ фæлæууыдысты. Сæ бон куынæуал уыдис лæууынæй, уæд загътой паддзахæн: — Цæй-ма, цæй, исты нын зæгъ! Паддзах та сын загъта: — Сс-сут! Лæг нал фæлæууыди æмæ йын загъта: — Кæдмæ лæудзыстæм, цавæр хъуыддаг у? — Цавæр, цæ, иу лæгæн фурды былыл уыди еууы хуым. Иннæ лæг æм фос баскъæрдта æмæ йын æй бахæрын кодта. Хуым чи бахæрын кодта, уый нæ сæтты: кæфтæ æмæ, дам, кæсæгтæ ра- цыдысты, æмæ, дам, æй уыдон бахордтой. Ныр уыдонæн цы тæрхон скæнон, ууыл хъуыды кæнын. Ацы хъуыддаг куы фæ- уон, уæд та сымах хъуыддагыл тæрхон кæндзынæн. Уæд лæг нал фæлæууыд æмæ загъта: — Ууыл та цы бирæ тæрхон кæныс! Чи фехъуыста æмæ чи федта кæфты æмæ кæсæгты сурмæ рацæугæ? Уый хæрз гæды- ныхас у! Паддзах ын уæд загъта: — Уæдæ чи федта æмæ чи фехъуыста, зæгъгæ, хæргæфс род ныййардта? Ацу æмæ мæгуыр усæн йæ род ратт! Лæг фæстæмæ фездæхти: — Уæдæ ды мæнæн куыд раст тæрхон скодтай, афтæ дæ цæс- ты рухсæй ракæс! Лæг афардæг ис, паддзах ракаст йæ цæстытæй — уыцы лæ- джы æлгъыст ыл æрцыди рæстырдæм. 5 Ирон лнтературæ сывæллæттæн 65
Ц ТАУРÆГЪТÆ Ц ХУР ÆМÆ МÆЙ Дуне срухс кæнынæн Хуыцау сфæлдыста дыууæ рухсдæттæг къорийы. Иу дзы хъуамæ уыдаид арвыл боныгон æмæ рухс код- таид адæймаджы фæндаг æмæ куыст, иннæ хъуамæ сыгъдаид æхсæв æмæ хастаид адæймагæн тыхдæттæг хуыссæг. Дыууæ къо- рийæ алкæй дæр фæндыд боны цырагъ уæвын — уæд зæххыл уыдаид нымаддæр æмæ кадджындæр. Сæ хъаст бахастой Хуыцау- мæ æмæ сын быцæу бацайдагъ. Уæд сын Хуыцау афтæ зæгъы: «Ахсæв дыууæйæ дæр бафынæй кæнут, стæй, æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ куыд хицæн кæной, уыцы сахат уæ арвгæрон раздæр чи фæзына, уый уыдзæн боны рухсдæттæг, иннæ та — æхсæвы». Дыууæ къоримæ Хуыцауы уынаффæ хорз фæкаст, æмæ хуыс- сæнты сæхи æруагътой. Сæ иу схуыссыд фæлмæн пакъуы баз- тыл æмæ уайтагъд афынæй ис; иннæ йæ быны сындзытæ бакод- та, цæмæй ма бафынæй уа æмæ райсомæй арвыл раздæр фертти- ва, уый тыххæй. Уыцы къори бирæ фæхæцыд æгъатыр хуыс- сæджы ныхмæ, фæлæ бонырдæм йæ хъару асаст, рæдзæ-мæдзæ байдыдта, æмæ уый дæр бафынæй. Фыццаг къори хуыссæгæй бафсæст, рог æмæ тыхджынæй ссыди арвыл æмæ дунейыл тауын байдыдта хъарм æмæ цардхæссæг тынтæ... Æрæджиау райхъал иннæ къори дæр. Скасти арвмæ æмæ фед- та йемæ ерысгæнæджы: уый бæрзондæй сæрыстырæй фæлгæ- сыди дунемæ æмæ уæлахизы цинæй уагъта цæхæр тынтæ. Уæд дыккаг къори фефсæрмы йæ хъысмæтæй, афæлурс, æмæ йæ цæсгом нал бахъæцыд арвмæ ссæуын, йæхи равдисын. Æрмæст фыццаг къори хæхты фæстæ куы фæаууон ис, уæд уый дæр ссыди арвыл æмæ акаст дунемæ ризгæ тæссонд тынтæй... Уæдæй фæстæмæ арвыл кæрæдзи ивынц хур æмæ мæй. АВДХОЙЫ Æмбырдтæ цы стъалыты гуппар хонынц, уыдон кæддæр уыды- сты авд хойы. Уыдонæй чи хуыздæр у, уый зæххыл ничи зыдта. Иухатт куы уыди, уæд усгуртæ сфæнд кодтой чызджыты бафæл- варын. Се ’ппæтæн дæр радтой æмхуызон куыст æмæ сын загъ- той: «Йæ куыст уæ раздæр чи фæуа, уый уыдзæн уæ хуыздæр». Чызджытæ бавнæлдтой, кæрдгæ-хуыйгæ кæнынц æмæ æхсæ- вæрафон уыцы иу сахат фесты сæ куыст. Афтæмæй куы нæ сбæрæг сæ хуыздæр, уæд сæ фæрсынц. — Уæдæ цы хуызы ис, хуыздæр уæ чи у, уымæн равзарæн? Уыдон загътой: — Иунæг Хуыцау зоны, хуыздæр æмæ нæ æвзæрдæр чи у, уый. Фæлæ авдæй æмсæр кæй стæм, уый тыххæй нæ цæрæнуат 66
уæд арвыл, нæ фæлгонц нын уынæнт адæм æмæ нæ рох ма кæ- нæнт. Ноджы Хуыцауы уый бафæндæд, цæмæй немæ уой нæ сынтæджытæ. Хуыцау сын сæ фæндон сæххæст кодта æмæ сын арвыл бынат радта. ÆРТХЪИРÆНЫМÆЙÆМÆ ТÆРГÆЙТТЫМÆЙ Æртхъирæны мæй фыццаг уыди æртын иу боны, стæй æртæ боны къаддæр фæци. Уыцы æмбисонд ыл æрцыди афтæ. Иу аз Мартьи йæ фæуынмæ æввахс мæсты кæнын байдыдта æмæ дзырдта йæхинымæр: — Замана нæу — ныр та æгас афæдз ферох уыдзынæн, адæ- мæй мæ кой ничиуал кæндзæн... Бирæ фердиаг кодта, стæй уæд загъта: — Нæ уыдзæн уый! Æз афтæ бакæндзынæн, æмæ мæ адæм мæ фæуыны фæстæ дæр æгас афæдз хъуыды куыд кæной. Рауагъта зæххыл стыр миты уард æмæ тыхджын уад. Зилдух- гæнгæ-иу тымыгъ куы иуæрдæм ауагъта йæхи, куы иннæрдæм. Адæм æддæмæ ракæсын нал уæндыдысты, фос сæ бынæггæй æрдиаг кодтой, суанг ма куыйтæ дæр арф баныгъуылдысты. Уыцы хъызт бонты иттæг стыхсти иу фыййау. Йæ фосæн бахæринаг нал уыдис æмæ сыдæй мардысты. Смæсты фыййау Маргьимæ æмæ йæм сдзырдта: — Ниу, ниу, бирæ нал ахæсдзынæ, дæ мæлæт æрхæстæг и, ницыуал нын кæндзынæ. Уыцы ныхæстæм фыр мæстæй Мартъийæн йæ цæстыты туг разылди. Фæлæ ма йын цы гæнæн уыди, æцæг мæстæй мæлыны йеддæмæ: йæ кæрон æрхæццæ. «Уæд та мын мæ сыхаг мæйтæй исчи æфстау куы ратгид иу къорд бонтæ», — загъта йæхинымæр. Раздæхти фæстæмæ Æртхъи- рæны мæймæ æмæ йæм йæхи мæгуыргурау бакъултæ кодта. — Табуафси, мæ сыхаг, дæ иннæ азы бонтæй мын æртæ ратт æфстау, иннæ аз дын сæ бафиддзынæн. Фæтæригъæд ын кодта Æртхъирæны мæй æмæ йын æртæ боны йæ къухы сæвæрдта. Маргьи бонтыл куы фæхæст, уæд загъта: — Мæ къухы дæ, фыййау, ныр. Кæд ма дæ фосæй иу дæр æгасæй аирвæза, уæд мæ райгуырын нæ хъуыди! Сниудтой фыццагæй тыхджындæр дымгæ æмæ зилдух-тымыгъ, мит дæр тьыфылгай хауын байдыдта, æмæ дзы йе фистæгæн, йе барæгæн акъахдзæфгæнæн нал уыди. Нæ фæтарсти фыййау. Загъта йæхинымæр: — Райгуырын мæ нæ хъуыди, Мартьи, æз дæуæн ацы хатт хорз маст куы нæ скæнон! Рахаста хус къæсса, æгас мыст дзы ауагъта, йæ ком ын бабас- та æмæ йæ скъæты фосы сæрмæ сауыгъта. 67
Мыст æнæрынцайгæйæ къæссайы æртæ боны æмæ æртæ æхсæ- вы тæлфыди. Фос сынæр цæгъдын ныууагътой æмæ æртæ боны æмæ æхсæвы къæссайы хыбар-хыбурмæ хъуыстой. Хæринаг ма кæм бацагуырдтой! Ралæууыди цыппæрæм бон, банцадысты тымыгъ æмæ уадтæ сæ ниуынæй, банцади мит дæр. Ракасти хур æмæ — фосæй, адæ- мæй — æппæт схъæлдзæг сты. — Уалдзæг ралæууыди, уалдзæг ралæууыди! — хъуысти алыр- дыгæй. Ракасти Маргьи фæстæмæ Февралмæ æмæ йын загъта: — Дæ бонтæ мын ницы ахъаз фесты... Æмæ дын æз уый тых- хæй хъуамæ маст скæнон... Нал дын ратдзынæн дæ бонтæ... Уæдæй фæстæмæ Æртхъирæны мæй æртæ боны къаддæр фæци. Хъыг кодта, бæргæ, фæлæ ма йын цы гæнæн уыди. ХЕТÆДЖЫКЪОХ Раджы, тынг раджы, адæм пысылмон дин куы райстой, уыцы рæстæджы ацы къохы бынаты уыди стыр хъæу. Цард дзы æхсыст цæджджинагау. Бæстæ мæгуыр кæм уыд, уым кæрон нæ уыд ацы хъæуæн йæ фарн, йæ амондæн. Фæлæ хъæуы фарн нæ уыд йæ исбонæй. Ам цард фæрныг æмæ кадджын лæг, йæ ном — Хетæг. Куырыхон уыд уый. Зыдта, цы уыд, цы ис æмæ цы уыдзæн, уыдон иууылдæр, зыдта сын сæ равзæрд æмæ сæ кæрон. Уый хъуыста стъалыты ныхас æмæ сын æмбæрста се ’взаг. Бирæ фæхæцыд хæйрæджытимæ, бадомдта сæ, уыдон лидзæг фесты йæ хъæуæй, æрмæст ма дардæй кодтой мæстæймарæн митæ. Ахæм сыгъдæг лæджы фæрцы хъæу цард фæрныгæй, разы уыд йæ амон- дæй. Фæлæ цард тæбæгъы донау у. Хъысмæтæй ирвæзæн нæй, æмæ йæ азар баййæфта ацы хъæуы дæр. Цыдысты азтæ. Азтæ куыд цыдысты, афтæ зæронд кодта Хе- тæг дæр. Басаст йæ хъару, цæстæй фæцух, æмæ йæ бон нал уыд дæлимонтимæ хæцын. Раст уыцы заманмæ бахъавыд Джехенемы бардуаг, уый ацы хъæумæ сарæзта знæгты тыхтæ. Æрбабырсы тыхджын æфсад, æрбаввахс и хъæумæ. Хъæуы адæм ныууагътой сæ фæрныг къонатæ, лидзынц Уæлладжыры коммæ. Фæлæ сæ рох нæу сæ хæрзгæнæг куырыхон зæронд лæг. — Хетæг, — хъæр æм кæнынц адæм, — лидзгæ кæн хъæдмæ, науæд сæфыс! Хетæг рацыд хæдзарæй æмæ дзуры йæ зæронд хъæлæсæй: — Мæ тых басасти, нымад сты мæ царды бонтæ. Хетæг хъæдмæ нал фæразы, фæлæ хъæд — Хетæгмæ! Æрцыд йæ дзырд. Хъæд ныннæрыд. Уæлладжыры рагъыл хъæ’дæй сыстад иу гæбаз, рацыд мигъы стыгау æмæ æртыхсти Хетæгыл. Уыцы хъæд ныр абон дæр лæууы хъæуы бынаты, æмæ йæ адæм хонынц Хетæджы къох. 68
ОС-БÆГЪАТЫР ÆМÆ ХАН Гуырдзыстонмæ æрбабырстой тæтæр æмæ лекъ æмæ йæ хъа- выдысты басæггынмæ. Тыхджын æмæ хъæбатыр Ос-Бæгъатыр сæ басаста, бирæ сæ фæцагъта, афтæмæй. Уæд тæтæры хан барвыста Иры паддзахмæ: «Кæд афтæ хъæбатыр дæ, уæд лæгæй-лæгмæ ра- хæцæм: чи фæуæлахиз уа, уый иннæйы бæстæ йæхи бакæнæд». Бадзырдтой доны рахæцынмæ. Ос-Бæгъатыр афтæ тыхджын уыд, æмæ æнцонæй скъуыдта галдзарм. Уый тыххæй йæ ныфс уыдис йæ цæнгтæй, фæлæ йæ йæ ныфс фæсайдта: тæтæры хан ыл сайдæй рацыд. Раластой сæ дзаумæ, хан йæ цырыхъхъытæ йæ уæлæ ныу- уагъта. Кæрæдзимæ дыууæ уæйыгау бацыдысты. Хан цыма йæ цырыхъхъ ласы, уыйау цырыхъхъы хъусæй дамбаца фелвæста æмæ йæ Ос-Бæгъатырыл фæкодта. Афтæмæй тæтæр басастой иры, сæ иу хай сын семæ акодтой, се ’ннæ хай та хæхтыл ныппырх сты. Ос-Бæгъатыры мард ирæттæ адавтой æмæ йæ баныгæдтой. АМРАН Дзуры рагон ирон таурæгъ. Арф кæмтты сæрмæ хизы йæ сæгъты къорд фыййау лæг Бесæ. Ривæдафон куы вæййы, уæд Бесæ рæхсы йе ’рчъитæ æмæ зары йæхицæн. Хурты хурзæрин, урссæр хæхтæ, рæсугъд кæмттæ, дидинджытæ æмæ æхсæрдзæнтæ кæнынц Бесæйæн сæ сусæг ны- хас, уый сæм хъусы, уый сæ æмбары æмæ цæры æнæмæтæй. Æрмæст иу хатт арф комы хъæбысы æгæйнæг къæдзæхæй йæ хъустыл æрцыд уæззау хъæрзын. Араст Бесæ, хъуамæ ссара, чи хъæрзы, уый. Ныууагъта йæ сæгъты дæр. Цæуынтæ байдыдта, цæуынтæ, æмæ йæ фæндаг кæны тæссагæй-тæссагдæр, уæддæр тындзы размæ. Æппынфæстаг баф- тыд иу лæгæтмæ. Уырдыгæй цæуы æнахуыр хъæрзын. Кæсы, æмæ лæгæты æмбисонды рæсугъд лæппу — æфсæн рæхыстæй къæдзæхмæ баст. Йæ сæрмæ зилы тугдзых цæргæс, — уый æхсыд- та лæппуйы зæрдæ, ныр æй исдуг фæуагъта. Бесæйы бæргæ фæн- дыд цæргæсы амарын, фæлæ йæ къухы цæвæнгарз нæ фæци. —Чи дæ, цы дæ, цæмæн дæ ацы удхары? — фæрсы йæ Бесæ. — Æз дæн Амран. Уæларвæй хуыцæутты æвастæй адæмæн зынг рахастон. Уый тыххæй мæн къæдзæхмæ ныббастой, мæ зæр- дæйыл зыд цæргæс бафтыдтой, æмæ йæ уый дæр æхсыны. Зæр- дæйы ног туг куы бацæуы, уæд та йыл цæргæс йæхи ныццæвы, афады йæ, æмæ йæ туг суадонæй цæуы. Æз баст дæн — мæ бон нæу цæргæсы асурын. — Мæн фæнды дæу фервæзын кæнын, уый мæ хæс у, — зæгъы Бесæ, йæхицæн йæ цæссыг лæдæрсы. — Дæ бон нæ бауыдзæн уый, — зæгъы йын баст лæппу æрхæн- дæгæй, — рæхыстæ уæззау æмæ фидар сты, дæ тых та гыццыл у. Скæс-ма уæлæмæ! 69
Бесæ скаст æмæ федта: лæгæты царæй æрзæбул цыбыр ставд рæхыс. — Уыцы рæхысмæ хъæуы бафтауын, цæмæй æз фæхæст уон йæ кæроныл — æндæр амал нæй. Æрмæст мæхи тых у мæ ирвæзæн хос. Рараст уырдыгæй Бесæ. Сагъæс кæны, уæдæ куыд фервæзын кæна Амраны? Æртардта хъæумæ йæ сæгъты, ныууæй сæ кодта. Сæ аргъæй æфсæйнаг балхæдта, æмæ куырдадз сарæзта. Ара- зын байдыдта ставд рæхыс — Амраны ирвæзæн фæрæз. Уæд æй базыдтой фыдзæрдæ адæм, — сæ хъус æм дарынц сусæгæй. Бесæ — æхсæв-бон нал хынцы, аразы æфсæн цæгтæ æмæ сæ ныхасы. Уалынмæ сцæттæ ис рæхыс. Бавæрдта йæ цалдæр хæрæгыл æмæ араст ис. Фыдæх адæм æй хъахъхъæдтой æмæ ныр йæ фæ- дыл гурæй-гурмæ цæуынц... Æрхæцыдысты лæгыл. Уыдон æй æнхъæлдтой æрра æмæ йæ тыхæй фæстæмæ хъæумæ æркодтой. Ам æй фæлварын байдыдтой: цæмæн æй хъæуы рæхыс, цы фыд- былыз дзы хъавы адæмæн? Бесæ нæ хъæр кæны йæ фæнд. Нæ- мынц æй, фæлæ йæ рыст ницæмæ дары. Адæм уый не ’мбарынц, нæ зонынц Бесæйы нысан æмæ йыл худынц, хонынц æй æрра. Амран та хъизæмар кæны æмæ æнхъæлмæ кæсы. КЪÆРНЫХ ÆМÆ ХÆЙРÆГ Уыдис дын иу къæрных. Зыдта иу ран иу хъуг æмæ ацыд æмæ йæ хъуамæ радавтаид. Хæйрæг йемæ бамбал ис æмæ йæ фæрсы: — Кæдæм цæуыс? — Æз цæуын, уым иу хъуг ис, æмæ йæ хъуамæ радавон. Æмæ ды та кæдæм цæуыс? — Уым иу сывæллон ис, æмæ уый уд хъуамæ рахæссон. — Æмæ йæ куыд рахæсдзынæ? — Бацæудзынæн, иу хатт æй æрæхснырсын кæндзынæн, кæд ын исчи «цæр» зæгъа, уæд æй ныууадздзынæн. Дыккаг хатт дæр, æртыккаг хатт дæр: кæд ын исчи «цæр» зæгъа, уæд æй ныууадз- дзынæн. Ды та хъуг куыд радавдзынæ? — Бацæудзынæн, дуар бакæндзынæн, кæд мæ ничи базона, уæд хъугыл рахæцдзынæн æмæ йæ рафардæг кæндзынæн, кæд мæ исчи базона, уæд æй ныммардзынæн. Бацыдысты. Дзурынц кæрæдзийæн: «Цу, ды уал ракæн», «цу, ды уал ракæн». Къæрных бацыди, хъуджы ракодта. Хæйрæг дуар- мæ лæууы. — Цу, ныр та ды ракæн. Бацыди хæйрæг, сывæллоны иу хатг æрæхснырсын кодта, — ничи йын зæгъы «цæр». Дыккаг хатг дæр æрæхснырста. Къæрных æм хъусы, æмæ йын «цæр» ничи загьта. Æртыккаг хатг дæр æрæхсныр- ста, къæрныхæн йæ зæрдæ нал фæлæууыд æмæ ныхъхъæр кодта: — Цæр, цæр! Хæйрæг дæр ныхъхъæр кодта: — Къæрных, къæрных! Хæйрæг алыгъди, къæрныхмæ рауадысты æмæ йæ æрцахстой. 70
Къæрных афтæ: — Цы сарæзтаин, хъуджы бæргæ акодтаин, фæлæ сывæллоны хъуамæ амардтаид хæйрæг, æмæ йын кæд æртæ хатты исчи «цæр» загътаид, кæннод ын йæ уд хъуамæ ахастаид. Нал фæлæууыд мæ зæрдæ, æртæ хатты йæ æрæхснырсын кодта. Уæд мæхæдæг фæ- хъæр кодтон: «Цæр! Цæр!» Уый дæр рауад, фæхъæр кодта: «Къæрных! Къæрных!» Афтæ уыд нæ рæстдзинад. Схæцыдысты æмæ къæрныхæн хъуг радтой, æмæ йæ афардæг кодта. Сывæллон æгасæй баззад. ЧЕРМЕН ÆЛДАРЫ ЛИДЗÆГ КУЫД ФÆКОДТА Иубон кæсгон æлдар сфæнд кодта хъалонмæ. фæцæуын. Йæ чегъретимæ рараст и Хъобанмæ. Уыцы заманы Чермен хъæды суг ласынмæ уыдис, æмæ Хъобанмæ хæстæг йæ сæмæны къубал асаст. Черменæн гæнæн нал уыд æмæ йæ сæмæн аразын райдыдта. Уыцы заманы йæ кæсгон æлдар æрбаййæфта. Чермен æмæ æлдар кæрæдзийæн салам радтой. Стæй æлдар Чермены фæрсы! — Лæппу, Хъобанмæ ма бирæ баззад? Чермен йæ рахиз цонгæй сæмæн æд цалх фелвæста æмæ амо- ны Хъобаны ’рдæм: — Уæлæ дын Хъобан. Æлдар Черменмæ куы бакаст, уæд базыр-зыр кодта, йæ зæрдæ асаст æмæ йæхицæн афтæ зæгъы: «Йæ хъæддзау лæг афтæ тых- джын кæмæн у, уыдонæн ма уагæр сæ тохгæнæг адæм цавæр уыдзы- сты? Уыдонмæ хъæумæ куы бацæуон, уæд мæ хæргæ дæр бакæн- дзысты!» — æмæ фæндагæй фæстæмæ раздæхт. ЧЕРМЕН ÆМÆ СОМИХАГ Иубон куы уыдис, уæд Чермен горæтмæ рацыдис. Уым йæ зонгæ сомихаг лæгимæ амбæлд, æмæ ныхас кæнынц. Сомихагмæ уыдис джебогъ лæдзæг, æмæ ныхас кæнгæйæ лæдзæг сарæзта Чермены къахы уæлфадмæ æмæ йæ цыма йæхæдæг дæр не ’мба- ры, уый хуызæн лæдзæгæн йæ кæрон сарæзта йæ дæлармы дзыхъмæ æмæ йыл афтæмæй дæлæмæ-дæлæмæ хæцы. Джебогъы бырынкъ Чермены къахы иннæрдæм ахызти, фæлæ йæ Чермен цыма æмбаргæ дæр нæ кодта, уый хуызæн æндæр ныхас кодта. Бирæ куы фæныхас кодтой, уæд Чермен афтæ зæгъы: — Цæй, æрæджы мын кæны, тагьд мæ цæуын хъæуы, — йæ- хæдæг йæ къух бадардта сомихагмæ, хæрзизæр у, зæгъгæ. Сомихаг дæр æм буцгомау йæ къух балæвæрдта, фæндараст фæу, зæгъгæ. Чермен сомихаджы къух куы райста, уæд æй æрæл- вæста, æмæ къухы царм Чермены къухы аззад. Сомихаг, амард- тай мæ, зæгъгæ, уæлгоммæ ахауд. Уæд æм Чермен дзуры: — Уæдæ мын, хæрæг, ды мæ къахы джебогъ куы нытътъыс- тай, уæд æй мæнæн æхсæнчъы хæрд æнхъæл уыдтæ?! 71
БОЛАЙЫ ХАБÆРТТÆ . Хъобан сфæнд кодтой Болайы тых бавзарын. Бавдæлдысты æмæ иу бæлас æркъæдз кодтой æмæ йыл хосы мæкъуыл самадтой. Бола та хос ласта. Бацыд мæкъуылмæ, бæндæнæй йæ æрæлвæс- тытæ кодта æмæ йыл рахæцыд, галтæм æй баввахс кæнон, зæгьгæ. Фæлæ мæкъуыл йæ бынатæй нæ фезмæлыд. Уæд æй тыхджын- дæр рариуыгъта, æмæ бæндæн атыдта. Фæмæсты Бола æмæ но- гæй бæндæнæй мæкъуыл атыхта æмæ йæ йæ тых-йæ бонæй срæ- мыгъта... Уæд ауыдта бæласы æд бындзæфхад рæмыгъдæй æмæ бахудт: бамбæрста йæ сыхæгты хин. Иухатт Бола фæцæйцыд бричкæйы дард балцы. Уæдæ мæ бæхтæ баулæфой, зæгъгæ, фæндаггæрон сæ иу донбыл суагъ- та, йæхæдæг бричкæйы бын аууоны æрхуыссыд æмæ афынæй. Бæхтæ хизгæ-хизын нартхоры хуымтæм баирвæзтысты. Уыцы заман хъазахъхъæгтæ бæхтыл фæцæйцыдысты æмæ бæхты нарт- хæртты ауыдтой. Ай нын нæ хуымтæ чи сафы, зæгъгæ, уайтагъд базылдтой бричкæйы ’рдæм. Куы ауыдтой, бричкæйы бын чи хуыс- сыд, уый, уæд ыл схъæртæ кодтой æмæ бæхтæй æрхызтысты, ома ехсытæй йæ æрнæмæм. Бола сæ хъæртæм цырд фестад: ай цы хабар æрцыд, зæгъгæ. Фæлæ æрдæгфынæй лæгæй айрох, брич- кæйы бын уыд, уый æмæ йæ йæ уæнтыл систа, æмæ зæххыл йæ цæлхъ фæцыд. Хъазахъхъæгтæ уый куы ауыдтой, уæд дзургæ дæр нал, фæлæ сæ бæхты æрхостой æмæ фæпырх сты. Бола дæр йæ сæр аныхта, йæ бæхтæ сифтыгъта æмæ йæ фæндагыл афардæг. ИВ ДДЗАГ ÆГАСЦÆУАЙ Уæд та дын иуахæмы паддзахы хъазахъхъæгтæ Зыруггомыл зекуци æрбадтысты. Хъазахъхъы фыдмитæн кæрон дæр нал уыдис. Адæм сæ- сæрæн ницыуал зыдтой æмæ Къостамæ минæвар фер- выстой суанг Лабæмæ... Лæг бирæ фæцыдис, цъус, уæддæр цалдæр боны фæстæ Ла- бæмæ ныххæццæ, уæдæ цы уыдаид! Фæрсгæ-фæрсгæ ссардта Къос- тайы хæдзар. Хæдзары уыди æртæ хатæны: тыргъ, цæрæн хæдзар æмæ уат. Тыргъæй хæдзармæ уыди дуар, æмæ хæдзарæй та — уатмæ. Къоста-иу ныв кодта уаты. Уый цалдæр боны размæ стыр кæттагыл йæхи ныв скодта æмæ йæ хæдзары къулгæрон æрæвæрдта. Минæвар тыргъæй куы бахызт æмæ ныв куы ауыдта, уæд йæ худ фелвæста æмæ йæм йæ къух бадаргъ кодта: «Дæ бон хорз, Къоста!» Ныв æм цы хъуамæ сдзырдтаид? Æмæ лæг джихæй баззадис. Уæд æм Къоста уатæй худгæйæ радзырдта, йæ къухы ахо- рæнтæ, афтæмæй: «Æз мæнæ дæн, мæнæ, ардæм рацу, уазæг!» Мæгуыр хæххон лæг лыстæггай бамбарын кодта Хетæджы-фыр- тæн йæ балцы сæр. Къоста уайтагъд гæххæтг ныффыста уæлдæр хицæутгæм, æмæ цалдæр боны фæстæ Зыруггомæй зекуци систой. 72
Ц ÆМБИСÆНДТÆ Ц А Адæймаг адæймаджы кæддæриддæр бахъæудзæн. Адæймаджы бон бирæ у. Адæмы цæст уынаг у. Адæмы фарн бирæ у. Арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы. Арсæн йæхи уыдтой æмæ ма йын йæ фæд агуырдтой. Аслам фыды бас нæй. Афтид голлаг хъил нæ лæууы. Ахæм æргъом сыккой кæн, кæй афæразай. Æ Æвзаг дуртæ халы. Æвзæр куыдз сусæгæй хæцы. Æвзæр æвзæрæй ничи фиды. Æгады бæсты — мæлæт хуыздæр. Æдылы хивæнд вæййы. Æмвæнд адæмæн хох дæр нæ лæууы. Æнæзивæг цæл ары, зивæггæнаг цæф ары. Æнæхъуаджы мысты зæрдæхудты дæр ма бацу. Æргом ныхасы къæм нæй. Æфсæйнаг йæ тæвдыл цæгъдын хъæуы. Æфсæст æххормаджы рыст нæ зоны. Б Бас кæй басудзы, уый доныл дæр фу кæны. Бафæрс æмæ базонай. Бафæрсын аипп нæу. Бæлас гуыппы тыххæй ма кал. Бæлас куы акæлы, уæд йæ сыхагыл банцайы. Бæлас талайæ тасы. Бæстон куыст фарсыл хæцы. Бирæ — гуыбынæн, чысыл — зæрдæйæн. Бирæгъыл фыдбон куы ’ркæны, уæд куыдзы бын дæр атулы. Г Гайлаг родæй бæрæг у. Галиудзинадмæ мин фæндаджы ис, рæстдзинадмæ — иу. Гæды фиумæ куы не ’ххæссы, уæд æй мархо хоны. Гуыбын талынг скъæт у. Гуымыдза сæгъ йæхи сæныкк æнхъæлдта зæронды бонмæ. 73
д Дарæс лæггæнæг нæу. Дæгъæл гуыдырмæ гæсгæ аразынц. Дæхи базонын дæ куы фæнда, уæд адæмы фæрс. Де знагæн дæр раст æвдисæн балæуу. Денджыз дæр æртахгай у. Дон ацæуы, дур йæ бынаты баззайы. Донласт хуылыдзæй нал тæрсы. Донмæ куы нæ ныххизай, уæд ленк кæнын нæ базондзынæ. Дон сæрæй рæсуг кæны. «Дунетæй хуыздæр куы фестай, гъе уæддæр дæхи уд ма стау». (Къоста) Дыдзæсгом дывзагон у. Дыууæ харбызы иу къухы нæ цæуынц. Дз Дзæбæх дзырд зæрдæйы дуар у. Дзæбидыр къæдзæхæй хауы. «Дзурынц, æвзæр, дам, æппæлы йæхицæй». (Къоста) Дзыхæй — дзырд, æмæ топпæй нæмыг куы аирвæзынц, уæд сын рацахсæн нал вæййы. 3 Зæрдæйы хорзæхæй хуыздæр ницы ис. Зæрондæн йæ фындз амæрз æмæ йæ зондæй бафæрс. Зивæггæнаджы гуыл хомæй баззайы. Знагæй лымæн скæн, фæлæ лымæнæй знаг ма скæн. Зылын къæцæлы дон дардмæ нæ ласы. «Зынг» зæгъынæй ком нæ судзы. И Искæй куы цæвай, уæд-иу дæхи хъахъхъæн. Искæй зондæй цæрæн нæй. Искæй къухæй сындз ма тон. Иу азы хуысчъы тыххæй йæ хорз хъуг ничи уæй кæны. Иугъуызон дыууæ ’ртахы дæр не сты. Иу йæхиуыл худы, дыууæ — кæрæдзийыл, æртæ — искæуыл. Иу михыл кау ничи бийы. Иу мыдыбындз чыргъæд нæ дзаг кæны. Иунæгæй хъæды маргъ дæр нæ цæры. Иунæг бæлас — халæтты бадæн. 74
й Йæ адæмы чи нæ уарзы, уый æндæр адæмы дæр нæ бауарз- дзæн. Йæ мады рæвдыд ничи бафыста. Йæ рæдыдыл чи нæ сæтты, уый дыккаг хатт рæдийы. Йæхи хæдзары цъиуы цæстæй кæсы, искæй хæдзары та — галы. К Калм йæ сæрæй мардæуы. Калмы хæст хъамайы цæфæй риссагдæр у. Кæйдæр тыргъмæ нæ уагътой, уый та хæдзармæ бырста. Кæрцæн йæхицæй æмпъузæн фидауы. Кæсагахсæг хуылыдз вæййы. Куырис сыгъдис æмæ йыл бæттæн худтис. Куырм гал куырм галæн фæндаг куы фæамоны, уæд дыууæ дæр цъыфы ныссæдзынц. Къодах йæ фыццаг цæфæй бæрæг у. Л Лæвары бæх дæндагæй не сгарынц. Лæг бонæн ног дзырд куы нæ хъуса, уæд къуырма кæны. М Маст чи нæ бахордта, уый адджын ад нæ зоны. Мæлдзыгæн йе сæфт куы ’рцæуы, базыртæ йыл уæд базайы. Мæсыг цыфæнды сусæгæй амайай, уæддæр фæстагмæ йæ сæ- рæн æнæ разынгæ нæй. Мæсыг хи дурæй хæлы. Мæсыгæн йæ сæрæй йæ бындур фидардæр хъæуы. Мыст къахта æмæ йæхицæн гæдыйы сæр ракъахта. Р Райгуырæн бæстæ адджын у. Райсом дæ цы хъæуы, уый абон бакæн. Райсомæй дын цы нæ бантыса, уый изæрæй сараз. Рæстдзинады Адайы хох дæр нæ фæбынæй кæндзæн. С Сабыр ныхасмæ калм дæр хъусы. Сау хохæй урс дур нæ ратулдзæн. Сæгъæй сæныкк гуыры. 75
Стонг карчы фын — еууы быдыр. Сусæг зарæг хъæрæй нæ чындæуы. Сыгъзæрин фаджысы мидæг дæр не згæ кæны. Т Тагъд дон фурды не ’ййафы. Талынг бæсты гæзæмæ рухс дæр дард æрттивы. Тамако хæйрæджы холлаг у. Тæдзынæгæй алыгъд — цыхцырæгмæ бахауд. Тулæг дурыл хъуына нæ хæцы. Тулгæ дурæй къæртт хауы. У «Уазал æмæ стонгæй бирæгъ дæр тæрсы». (Кьоста) Уасаг гæды мыст нæ ахсы. Уæззау дурыл рог дзырдтæй схæцæн нæй. Уисой уисгай у. Уызын дæр ма йæхи къудзийы бынмæ лидзы. Ф Фæнды дурын дурыл цæв, фæнды — дур дурыныл. Фыдбон æмæ фыдлæг бирæ нæ хæссынц. Фыдвæдæй — æвæд хуыздæр. Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы. X Халон зиу ракодта, йæхæдæг та мæкъуылы цъуппыл сбадт. Халон.халоны цæст нæ къахы. Хæрæг сæдæ боны куы фæсира, уæддæр та иу бон асæпп- сæпп кæндзæн. Хæрæгыл бæхы саргъ нæ фидауы. Хæст кæм вæййы, уым мæлæт дæр вæййы. Хæцаг галы сыкъа сæттаг у. Хæфсæн йæ лæппын — хуры тын. Хи хуыккомы мыст дæр хъæбатыр у. Хорз бæхыл æвзæр барæг нæ фидауы. Хох хохыл нæ сæмбæлдзæн, лæг лæгыл — кæддæриддæр. Хур дæр ма стъалытæм зынгагур бауад. Хуыйы кæримæ куы бауадзай, уæд йæ сæрмæ хизы. , Хъ Хъал ныхас хъæдбыны дæр нæ фидауы. Хъæмпын арт зынг нæ кæны. 76
ц Цагъайраджы бæсты — мæлæт хуыздæр. Цæрдæг хосдзау иунæгæй дæр зиу у. «Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы». (Къоста) Цин адæмимæ фидауы. Цуанон цы ком нæ басгары, уый сырдджын æнхъæлы. Ч Чи цал æвзаджы зоны, уал лæджы у. Чидæр арс федта æмæ иууыл «арс», «арс» кодта. Чидæр хъомгæс цæуын йæ сæрмæ хаста, фæлæ йæ мызд исын йæ сæрмæ нæ хаста. УЫЦИ-УЫЦИТÆ А Адæмы æфсады, йæхи — нæ. (Куырой) А-ком, у-ком — сырх хъуццытæ. (Уагъылытæ) Ала-быза сыкъадзых. (Бабыз) Ам цъыкк. уым цъыкк, Ирæдоны æфцæгыл — æртæ цъыччы. (Зæрватыкк) Армы цæуы, уæрмы — нæ. (Зæлдаг) Асиатыл авд кæрцы. (Хъæдындз) Æ Æнæ артæй фыцы. (Чъыр) Æнæ дуар, æнæ рудзынг, афтæмæй — йедзаг. (Харбыз) Æнæ базыртæй тæхы, æнæ хъæлæсæй хъæр кæны. (Уад) Æнæ къах, æнæ къух, афтæмæй дуар бакæны. (Дымгæ) Æнæ къахæй цæуы, æнæ къухæй амоны. (Сахат) Æнæ къухтæ, æнæ къæхтæ, афтæмæй алы бæстæтæм цæуы. (Фыстæг) Æнæ фæрæт, æнæ дзæбугæй скæны хæдзар. (Цъиу) Æртæ æфсымæрæн иу нымæтхуд. (Фынг) Æфсæн галæн — бæмбæг къæдзил. (Судзин) Æхсæв уыны, бон — нæ. (Хæлынбыттыр) Б Бастæй цæуы, æнæ бастæй — нæ. (Къогъодзи) Бæндæн хизы, æмæ род нæрсы. (Нас) 77
Бирæ къæхтæ йын, афтæмæй быдырæй йæ синтыл хуысгæ æрбацæуы. (Похци) . Бон дæр цæуы æмæ æхсæв дæр. (Дон) Бынæй — кау, уæле — фæйнæг. (Æрчьи) Г Гакк Гогормæ уасы. (Хьуг æмæ йæ род) Гуыбыр, чысыл, фæлæ быдыртыл æрзилы. (Æхсырф) д Даргъ лæджы цыбыр лæг йæ быны акодта. (Фæрæт) Дæлдзæхæй нæ сырх гал йе ’взæгтæ суагъта. (Цæхæра) Дугъон бæхæй тагъддæр. (Цæстытæ) Дуду къуыппыл — дуду цъиу. (Æнгуырстуан) Дыууæ æфсады кæрæдзи цæгъдынц æмæ се ’хсæн минæвар цæуы. (Дæидæгтæ æмæ æвзаг) Дыууæ æфсымæры разæй уайынц, дыууæ та сæ фæсте су- рынц. (Бричкæйы цæлхытæ) Дыууæ хохы астæу — урс дзæнхъа. (Уæливых) Дз Дзургæ нæ кæны, афтæмæй адæмæн зонд амоны. (Чиныг) Дзых ын нæй, афтæмæй дзуры. (Чиныг) 3 Зилы æмæ никæдæм хæццæ кæны. (Æлхуый) Зымæг — уæлгоммæ, сæрд — дæлгоммæ. (Гутон) Зымæг хæры, сæрд — нæ. (Пец) И Иу гал мын ис, æмæ уый кæм схуыссы, уым кæрдæг нал æрзайы. (Зынг) Иу ис хæдзары, æмæ уый куы нæ уа, уæд куырм сты æхсæ- выгон. (Цырагь) Иу кæлмæрзæн мын ис, сур æй кæнын. сур æй кæнын, æмæ йын сур кæнынæн ницы фæразын. (Æвзаг) Иу къæбыла нæм ис æмæ æнæхицау хæдзар дæр хъахъхъæны. (Гуыоыр) Иу лæгæн — дыууадæс фырты. (Афæдз) Иу у, æмæ — алыхуызон. (Зæрдæ)
й Йæ бырынкъ — æндон, йæ къæдзил — гæн. (Судзин æмæ æндах) Йæ сæрæй сæ скъуыдтой, йæ бынæй сæ æвæрдтой. (Пирæн æмæ кьуымбил) Йæ фыд — куырм, йæ мад — къæдзтæ, йæ фырт — æрра. (Сæн) К Карк дæлдзæхы къуыртт уадзы. (Картоф) Кæрдæг — йæ халæг, дур — йæ цыргъгæнæг. (Цæвæг) Кæдæм мæ фæнды, уырдæм фæтæхдзынæн æмæ мæ фаг ны- хас фæкæндзынæн. (Чиныг) Къ Къала бæласæ хонхи адтæй, æ тæфæй ба — будурмæ рахъæрт- тæй. (Давонæ) Къæдз куыдз суры хъуынджын куыдзы. (Æхсырф æмæ кæр- динаг) Къодахы бын — лыстытæ. (Карк æд цьиутæ) Къолæ хæрди цæруй дууæ æнсувæри, кæрæдзей ба нæ уинунцæ. (Цæститæ) Къуыдырæн авд дуары. (Сæр) Л Лæг нæу, афтæмæй дзуры, бæлас нæу, афтæмæй йыл сыфтæ ис. (Чиныг) М Мин æфсымæрæн — иу рон. (Куырис) Н Нанай размæ уорс уæрæ кафуй. (Æлхуый) Нæ гыццыл дада хос кæрды. (Сæрдасæн) Нæ гыццыл къæбиц — æнæ дуар. (Айк) Нæ гыццыл мæсыг — рæнхъ амад. (Нартхор) Нæ зæронды дысæй дыууадæс цъиуы ратахт. (Афæдз æмæ дыууадæс мæйы) Нæ каркæн йæ иу базыр сау, иннæ — урс. (Æхсæв æмæ бои) Нæ зæронд дада хуынчъытæ бандоныл бады. (Хосы мæкьуыл) Нæ сау сæгъ хæры æмæ хæрынæй не ’фсæды. (Пирæн) Нæ тугури — сау нимæт. (Скьорæ) Нæ тугури — æвзестæ лæдзгутæ. (Хори туитæ) Нæ уæлхæдзар — цæхæры кæфой, йæ астæу — дзулы чъири. (Мæй æмæ стьалытæ) 79
Нæ уæлхæдзар — гуыдыны æрдæг. (Мæй) Нæ зæххыл лæууы, нæ — арвыл, афтæмæй пайда у адæмæн. (Мигъ) Нæхи Цопаныл — зыгъуыммæ кæрц. (Фыс) Нæ фæскъул — дыууæ даргъ хъæды. ( Дзыккутæ) Нæ чысыл скъæты — урс уæрыччытæ. ( Дæноæгтæ) Нæ тæрхæги — уасæнгæ. (Сахат) Нæ уæлкъела — гъургъур арс. (Фæидур) С Сау бæхыл — сау барæг. (Аг æмæ рæхыс) Сау гал бацæуы æмæ сæ амары, урс гал бацæуы æмæ сæ рай- гас кæны. (Æхсæв æмæ бон) Сау дæн, æмæ сынт нæ дæн; урс дæн, æмæ цыхт нæ дæн; къæдзил мын ис, æмæ мыст нæ дæн. (Булкь) Сау хъуджы бын — сырх род. (Аг æмæ арт) Сæдæ сæди нимад æй, сæдæ сæди ба бæркад æй. (Æфсннæ) Сæрд уæлæмæ цæуы, зымæг — дæлæмæ. (Кæрдæг) Сæрдæй, зымæгæй — иу дарæсы. (Нæзы) Сæумæй изæрмæ — ахæст, æхсæви ба — уæгъдæ. (Кьæхтæ) Сурх гали бадæнти кæрдæг нæ зайуй. (Зинг) Сыгъзæрин ацæуы æмæ æвзист æрбацæуы. (Хур æмæ мæй) Т Талынджы уыны, рухсы — нæ. (Уыг) Тар адаги хъуми уорс уæлитæ кафуй. (Цихтитæ) Тар адаги — гулу берæгъ. (Фæрæт) Тар хъæды — бæрæг бæлас. (Сæры урс æрду) Тæрæн æфцæги — æртæ тъуппи. (Зæрбатукк) У Урс дзæкъулы — бур тыччы. (Айчы бур) Урс зæххыл — сау халæттæ кæрæдзиуыл баст. (Дамгьæтæ) Уырызмæгыл — фондзыссæдз хæдоны. (Кьабуска) Ф Фæздæг нæу, афтæмæй сæры магъз талынг кæны. (Арахь) Фæсхох куыдз амард — йе смаг ардæм ракалд. (Нуры) Фондз галы урс быдыры хуым кæнынц, сау мыггаг тауынц. (Кьух æмæ гæххæтт) X Хох — къахыртæ, йæ ас — гыццыл, йæ куыст — бирæ. (Пирсен) 80
Хъ Хъæды — æлдар, хæдзары — цагъар. (Уисой) Ц Цæуы, цæуы æмæ никæдæм хæццæ кæны. (Авдæн) Цыппар кæроны, дыууæ цалхы, астæуæй — зæгæл. (Хæсгард) Цыппар лæгæн — иу худ. (Стьол) Цыппар мадæн фæйнæ фондз фырты, сегасæн дæр — уыцы иу ном. (Æнгуылдзтæ) Чысыл дурыны — урс нæмгуытæ. (Нас) Ш АВДÆНЫ ЗАРДЖЫТÆ, ÆМДЗÆВГÆТÆ, В® 88 ХЪÆЗТЫТÆ Ш А-ЛО-ЛА Ло-ло, ло-ло, а-ло-ла! Лæппу фынæй акæна! Æцитт, Гино, ма та уас, Йæ баппа йын ма алас. Бауадз фынæй чысылы — Фена дæ уый йæ фыны. Æцитт, рацахс мыстытæ, Мыстытæ ’мæ уæрццытæ! Мысты бахæр дæхæдæг, Уæрццы рахæсс чысылæн! Уый йын баппа дæтдзæни, Хъæбыстæ йын кæндзæни! Ды дæр семæ уыдзынæ, Аргъæуттæ сын кæндзынæ: Куыд басдæрдтай æхсыртæ, Куыд бахордтай гуымбылтæ, Царæй фиутæ куыд давтай, Фынгæй дзидза куыд ластай, Уæд дæ нана куыд ахста, Уисæй дæ уый куыд надта! ГУБОРÆ Цæуон-цæуон гъæути размæ, Гъæути рази гъун иссерон, Гъуни хурфи — сæрвасæн, — Сæрвасæн — нанайæн, Нана мæнæн — гугко, Гугко — куййæн, Куй мæнæн — къæбис, Къæбис — фиййауæн, Фиййау мæнæн — борæ нæл фус, Борæ нæл фус — мегъдæуæн, Мегъдæу мæнæн — уариндзæг, Уариндзæг — зæнхæн, б Ирон Л1гтерлтурæ сывæллæттæн
Зæнхæ мæнæн — кæрдæги халæ, Кæрдæги халæ — бор гъогæн, Бор гъог мæнæн — æхсири цигон, Æхсири цигон — Тæрнайæн, Тæрна мæнæн — соги ’ргъон, Соги ’ргъон — пецæн, Пец мæнæн — дзоли губорæ! ДЗЕДЗÆМÆДЗЕДЗ! — Уæлæ халон фæтæхы. Дзедз æмæ дзедз! — Йæ дзыхы та цы хæссы? Дедз æмæ дзедз! — Йæ дзыхы та — хъæмпыхал. Дзедз æмæ дзедз! — Хъæмпыхалæй цы кæны? Дзедз æмæ дзедз! — Ахстон дзы ыскæна. Дзедз æмæ дзедз! — Ахстонæй цы кæны? Дзедз æмæ дзедз! — Æйчытæ дзы æфтауа. Дзедз æмæ дзедз! — Æйчытæй та цы кæны? Дзедз æмæ дзедз! — Лæппынтæ сæ фæуадза. Дзедз æмæ дзедз! — Лæппынтæй та цы кæны? Дзедз æмæ дзедз! — Хуымæллæгмæ с’ арвита. Дзедз æмæ дзедз! — Хуымæллæгæй цы кæны? Дзедз æмæ дзедз! — Бæгæны дзы фæкæна. Дзедз æмæ дзедз! . Бæгæныйæ цы кæны? Дзедз æмæ дзедз! — Йæ лымæнты фæхынца. Дзедз æмæ дзедз! — Лымæнтæй та цы кæны? Дзедз æмæ дзедз! — Йе знæгты мын фæцæгъда. Дзедз æмæ дзедз! АМГАЛХЫЗТИ (Сывæллоны æнгуылдзтыл амонгсейæ) Ам гал хызти, Ам дæлæмæ ратылди. Ай йæ аргæвста, Уый йæ бастыгъта, Уый йæ сфыхта, Уый йæ байуæрста, Амæн хай нæ фæци æмæ Хъаст кодта, Хъыллист кодта, Хъаст кодта, Хъыллист кодта. Уæлæ цары — Цæхджын мыст... Хъыдзы-хъыдзы! 82 ГАКК-ГАКК, КУЫДЗЫ ГАКК (Сывæллон хьæбысы узгæйæ) Гакк-гакк, Куыдзы гакк, Куыдзæн дæр æй Нæ дæттæм, Бирæгъæн дæр æй Нæ дæттæм. Гакк-гакк, Куыдзы гакк,
Куыдзы гакк æй ма хонут! — Гыццыл гакк — Хохы сæрты йæ гæпп у. Хуры цæстмæ Быдыры та — йæ тъæбæртт, Куы разынд, Фурды былты — йæ уайæн, Мæ хъæбысæй Арвы кæрон — йæ гуыртт-гуыртт... Æрзæбул. Гакк-гакк, — ДЫЧЪЕ-ДЫЧЪЕ Дычъе-дычъе, Æртæ дихы. Дунал-дычъе, Дзæутæ-мæутæ, Кæфтыры кæфой Хъæууат æхсинбар Рахау-бахау, Æмвæндæй, Хъæнтæ-мæнтæ, Сагæн — къуырцц! Цопаны сæр БОНÆМÆÆХСÆВ Ацы хъазтæй хъазæн ис къордæй. Иу вæййы амонæг. Равза- рынц хъæрццыгъа. Иннæ сывæллæттæ вæййынц цъиутæ. Амонæг рæстæгæй-рæстæгмæ фæхъæр кæны «бон» кæнæ «æхсæв». «Æхсæв» куы фæзæгъы, уæд сывæллæттæ зиллаккæй æрбадынц дзуццæджы æмæ сæ цæстытæ бацъынд кæнынц, цыма фынæй сты, афтæ. Куыддæр амонæг фæхъæр кæны «бон», афтæ сывæл- лæттæ-цъиутæ сæ бынæттæй фестынц, сæ къухтæ-базыртæ фæ- пака кæнынц æмæ разгъор-базгъор кæнынц. Уыцы рæстæг хъæрццыгъа йæ бынатæй рацæуы æмæ архайы цъиутæй искæй æрцахсыныл. Кæд искæй æрцахса, уæд уыимæ сæ бынæттæ баивынц: хъæрццыгъа цъиу свæййы, кæй æрцахсы, уый та хъæрццыгъа æмæ уый райдайы цъиутæй ахсын. Амонæг дæр та фæзæгъы «æхсæв», æмæ цъиутæ сæ бынæтты бадынмæ æмæ фынæй кæнынмæ фæвæййынц. ИУ КЪАХЫЛ ЛÆУУЫНТÆЙ ХЪАЗТ Сывæллæттæ æрæмбырд вæййынц (цасфæндыы уæд сæ ны- мæц), ныххæцынц кæрæдзийы уæхсчытыл, сисынц сæ иугай къæхтæ æмæ зиллаккæй райдайынц гæпп-гæпп кæнын. Раздæр чи æрлæууа йæ дыууæ къахыл, уый хъазтæй рахизы. Фæс- тагмæ чи бафæразы йæ иу къахыл гæпп-гæпп кæнын, уый рам- булы. 83
ИВАЗЫНТÆ Алчидæр йæ къухтæ дзуарæвæрдæй фæйнæрдæм акæны. Кæ- рæдзийы къухтыл фидар хæцгæйæ кæрæдзийы къухтæ ивазынц. Кæй къухы хæст атона, уый ахизы. Хъазынц, цалынмæ фæстаг дыууæ баззайой, уæдмæ. Уыдон дæр кæрæдзийы ивазынц. Чи тагъддæр ахауа, уый фембылд, се ’гасыл дæр фæтых. КЪУЫРЦГÆНЫНТÆЙ ХЪАЗТ Къуырцгæнынтæй хъазынц сабитæ дæр æмæ ацæргæтæ дæр, фылдæр хатт — иумæ. Хъазджытæй иу амбæрзы йæ армытъæпæнæй йæ цæсгом, æмæ йын иннæ йæ уæларм бакъуырцц кæны йе ’нгуылдзтæй. Цæсго- мæмбæрзæг уайтагъд ракæсы йæ цæстытæй æмæ, æвиппайды йе ’нгуылдзтæ куынæ авæры къуырцгæнæджы æнгуылдзты хуы- зæн, уæд та ногæй амбæрзы йæ цæстытæ, æмæ та йе ’мхъазæг къуырцц кæны. Кæд цæстытæмбæрзæг йе ’нгуылдзтæ æвиппай- ды авæра къуырцгæнæджы æнгуылдзты хуызæн, уæд баивынц сæ бынæттæ æмæ афтæмæй сæ хъазт дарддæр кæнынц.
ИРОН ФЫСДЖЫТЫ СФÆЛДЫСТАД ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТА (185^-1906) Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста райгуыр- дис 1859 азы 15-æм октябры Нары хъæуы. Хæрзчысыл ма уыд, афтæ амард йæ мад Гуы- баты Мария, æмæ йæ хæссынмæ радтой се ’рвадæлты ус Чендземæ. Къоста Нары райдиан скъолайы фæстæ ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы прогимназийы, уый фæстæ та Стъараполы гимназийы. Ныв кæнын ын ам амыдта В.И. Смирнов. Уый амындмæ гæсгæ Къоста 1881 азы ахуыр кæ- нынмæ ацыд Бетъырбухы Аивæдты академимæ. Стыр горæты цард æмæ ахуыр зонды æмæ фæлтæрддзинады скъола уыдис Къостайæн. Æппæтæй æххæстæй сыздæхт Ирыс- тонмæ 1885 азы. Куы федта йæ адæмы зын уавæр, уæд йæ хъæ- лæс ныннæрыд мæстæлгъæд æмæ зæрдæрисæй. Цыбыр рæстæгмæ йæ ном айхъуыст Ирыстоны æппæт къуымты. Йе ’мдзæвгæтæ «До- дой», «Азар», «Катай», «Салдат» æмæ иннæтæ адæмы ’хсæн къу- хæй-къухмæ цыдысты, систы зарджытæ. 1899 азы мыхуыры рацыд йе ’мдзæвгæты æмбырдгонд «Ирон фæндыр». Бирæкъабазджын уыд Къостайы сфæлдыстадон куыст. Уыд нывгæнæг, этнограф, публицист, поэт, драматург, тæлмацгæнæг, æхсæнадон архайæг. Къоста бындур æрæвæрдта ирон литературон æвзаг æмæ ирон аив литературæйæн, уыимæ сывæллæггы литературæйæн дæр. Сывæллæтты темæ сæрмагонд бынат ахсы поэты сфæлдыста- ды. Йæ радзырд «Дзæбидырдзуан» ныффыста 1893 азы. Мыхуы- ры рацыд Бетъырбухы журнал «Детское чтение»-йы. Уый фæстæ Къоста бирæ æмдзæвгæтæ ныффыста рæзгæ фæлтæ- рæн. Йæ зæрды уыди уыдон хицæнæй рауадзын ахæм сæргондимæ: «Мæ хæрзæггурæггаг Иры сывæллæттæн». Фæлæ чиныг æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ йæ цæргæйæ мыхуыры нæ фæзынд. Æмдзæв- гæтæ фæстæдæр бацыдысты йæ «Ирон фæндыр»-мæ. 85
1939 азы, йæ райгуырды 80 азы бонмæ, рацыд мыхуыры Къо- стайы уацмысты æмбырдгонд сывæллæттæн «Мæ хæрзæггурæг- гаг Иры сывæллæттæн». Чиныгмæ хаст æрцыдысты поэты æмдзæв- гæтæ кæстæр кары сабитæн: «Гино», «Зæрватыкк», «Дзывыл- дар», «Уасæг», «Фыдуаг», «Скъолайы лæппу», «Кæмæн цы...», «Цъиу æмæ сывæллæттæ»; афæдзы афонтыл фыст æмдзæвгæтæ («Уалдзæг», «Сæрд», «Фæззæг», «Зымæг»); баснятæ (Мархода- рæг», «Рувас æмæ зыгъарæг», «Уайдзæф», «Саг æмæ уызын», «Булкъ æмæ мыд»); Крыловмæ гæсгæ фыст баснятæ («Бирæгъ æмæ хърихъупп», «Халон æмæ рувас», «Хъазтæ») æмæ адæмы уæззау цард æвдисæг уацмыстæ — «Сидзæргæс», «Хъуыбады», «Лæскъдзæрæн», «Всати». Ацы уацмысты Къостайы фæндыд радзурын рæзгæ фæлтæ- рæн канд Фыдыбæстæйы æрдзы рæсугъддзинæдты тыххæй нæ, фæлæ ма равдисын адæмы царды уæззау уавæртæ уыцы æрдзы хъæбысы, сæвзæрын сæм кæнын сæрибармæ, ахуырмæ, куыстмæ тырнындзинад, сразæнгард сæ кæнын бирæ ахсджиаг хъуыддæгтæ æмæ ногдзинæдтæ базонынмæ. Къоста сабитæн, рæзгæ фæлтæрæн цы æмдзæвгæтæ ныффыс- та, уыдонæй æрæвæрдта бындур ирон сывæллæтты литературæ- йæн. гино Гино, гино, гисс! Иу гæды нæм ис, — Хъарм фæлмæн кæрц дары, Къонайыл хуыссы, Аргъæуттæ мысы, Хъал зæрдæйæ зары... УАСÆГ О уасæг, уасæг, Куыд раджы фестыс, Сыгъзæрин къоппа! Куыд хъæрæй зарыс? — О уасæг, уасæг, Нæ буц лæппуйы Сырхзæлдаг боцъо! Хуыссын нæ уадзыс! СКЪОЛАЙЫ ЛÆППУ — Кæй фырт дæ? Фæкæсын — Толайы. А-бе-тæ, — Кæм уыдтæ? Фæфыссын — Скъолайы, Бе-ве-тæ, — Алыбон дæр дзы вæййын. Ахуыр кæнынмæ бæллын. 86
ЛÆГАУ Фест райсомæй лæгау, Ныхс сапонæй дæхи Æмæ-иу скув: «Хуыцау, Фæдзæхсын дыл мæхи!» Дзул к’ уаид, уæд бæргæ, Дæу дæр дзы хай фæуид! Куы нæ уа, уæд — хæргæ! Кæрдзынæй стонг æрвит! Цæттæ дæ хызын дар, Тагъд де скъоламæ уай! — Æнæзивæг куы уай, — Хуыздæр бынат — дæ бар! Зондамонæгмæ хъус, Цы зæгъа, уый-иу кæн, Зæрдæхъæлдзæгæй кус, Æмæ бæззай лæгæн!.. ФЫДУАГ О цъиусур, Ма мæм дзур! О рувас, Ма мæм уас! — Хуысгæ ма кæнын. О цæргæс, Ма мæм кæс! О тæрхъус, Ма мæм хъус! — Кæрдзыныл кæуын! КÆМÆН ЦЫ... Алцæмæн дæр — рад: Буц лæппуйæн — мад; Хорз фыййауæн — фос, Бирæ фосæн — хос. Хоры кæндæн — зад, Хоры хæрдæн — кад; Хорз зæрдæйæн — уарзт, Сонт рæдыдæн — барст. Рагон мастæн — тад, Загъдкъахæгæн — над; Магусайæн — цæф, Цырд лæппуйæн — кæф!.. ЗÆРВАТЫКК Зæрватыкк — æнæхъыг, Æнæмаст цæрæг! Дæ зарæг — нæ дарæг, Нæ уалдзæггæнæг! Хъæлдзæгæй, æвзыгъдæй Фæхæтай фæрнæй Нæ хæхты, нæ бæсты, Æлдар кæмæн нæй! ДЗЫВЫЛДАР Æнгуырдар-дзывылдар, Кæм хæтыс зымæг? Цы бæстæ, цы хæхтæ Фæтæхыс уынæг? Кæм рæзынц, кæм цæрынц Дæ хотæ, дæ мад? Тæхуды, тæхуды, Кæмæн ис дæ цард! 87
ЦЪИУ ÆМÆ СЫВÆЛЛÆТТÆ Сывæллæттæ Гъа! Ныр ахст дæ, цъиу, фæлæуу, Нал аирвæздзынæ, Нал ауадздзыстæм ныр дæу, Махимæ цæрдзынæ!.. Цъ и у Циу, цы, циу? Цы кодтон, ау! Цас тыхджын рæдыд дæн? Ауадзут-ма мæ фæлтау, Райхалут мæ бæттæн! Сывæллæттæ Нæй, нæй! Ма тæрс, махмæ ды Хъаны цард кæндзынæ; Дзул дын тулдзыстæм мыды, Адджын цай цымдзынæ. Цъ иу Хъаны цард мын уанцон нæу! Æз уæ цай нæ уарзын, — Уидзын быдырты мæнæу, Къогъотæ дзы ахсын. Сывæллæттæ Уазал у зымæг æддæ, Махау дын хæдзар нæй! Ам дæ къалати цæттæ, — Бафсæддзынæ хъармæй. Цъ и у Ам зымæг куы вæййы, уæд Иу хъарм бæстæ зонын. Къалати сыгъзæрин уæд, — Ахæстон æй хонын! Сывæллæттæ Курæм дæ, æмæ нæм лæуу, — Бузныг дæ уыдзыстæм; Мах цард дæр æвзæр цард нæу, Не схъыг дæ кæндзыстæм.
Цъ и у Нæй, мæ хуртæ, нæй гæнæн! Уарзут мæ, уый хатын, Фæлæ тынг зын у мæнæн Ахæстоны бадын... Сывæллæттæ Ох-хай, гъе! Уæдæ дæ маст Махæн у хъуыдыйаг, — Атæх, цу! Дæ фæндаг раст! Цæр дæхи фæндиаг!.. УАЛДЗÆГ Мит тайы, их сайы, Йæ фæдыл нæ хъæдыл Фæхъулон ис зæхх: Фæхæцыд сыфтæр; Йæ цæгат фæзæйнад, Нæ хуымтæ — кæндтытæ, Йæ хуссар фæцъæх. Нæ ласæн — цъыфдæр. Цырд лæппу гæлæбу Æрцахста... Зæгъ ын: — Нæ уалдзæг — дæ уазæг, Ныууадз æй цæрын! СÆРД Хур судзы... Уырыдзы Чи халсарæй кæмтты Хæрынæн бæззы... Æргъæмттæ бæтты... Чи хъæдæй рæгъæдæй Хуыскъæлæй, æхсæрæй Сырх мæнæргъ хæссы, Кæм цæуынц рæтты! Цæвæгæй, мæхъитæй, Æхсырфæй — цæттæ, Хорз байрай, мæ бæстон, Кæмдæриддæр дæ! ФÆЗЗÆГ Æхсæлы ызгъæлы, Æркарстам, æрластам Лæджирттæг фæбур... Нæ хортæ, нæ хос... Мигь бады цæгаты, — Чи кусы йæ мусы, Нæ йæ тавы хур... Чи ’лвыны йæ фос... Хор — бирæ, фос — бирæ Хуыцауы фæрцы... Нæ хохбæсты бæркад, Цы диссаг дæ, цы!.. 89
ЗЫМÆГ Хъызт зымæг, тыхст зымæг — Нæ катай, нæ мæт! Йæ бонтæ — фыдбонтæ, Йæ бахсæв — мæлæт. Нæ хъæутæ — лæгæттæ, Нæ фезмæлд — зæйуат. Фыдæлтæй нын баззад Зæйы сæфтæн рад. Нæ мæгуыр, нæ сидзæр Æнæ хай куыстæй, Хуыцаумæ дзыназынц, Æстонгæй, сыдæй... А-ЛОЛ-ЛАЙ!. Къух дæ аузын фæразы... Мæй дæ авдæнимæ хъазы. Стыр лæг мын æсуай!.. А-лол-лай!.. Ракæндзынæн дын мæ зарæг... Искуы кæд æсуис мæ дарæг, Урс уæрыкк дын уон!.. О, мæ бон!.. Зындонæй фыддæр нæ цæрæн... Нал у ныр дæ фыд йæ сæрæн Сау хæххон куыстæй... Ахуысс, цæй!.. Искуы мын куы схъомыл уаис, Уæд ды дæр дзы цух нæ уаис, Бирæ мын цæрай!.. А-лол-лай!.. Скæнис хъугдзармæй æрчъитæ, Къахис митбынæй мæхъитæ Стонг æмæ сыдæй... Ахуысс, цæй!.. Сугтæ мын хæссис æргъомæй... Бадзурин дæм уæд æргомæй: — Мады зæрдæ зон, О, мæ бон!.. Бадзурин дæм: уарз нæ бæстæ, Ма сæ суæлдай кæ нæ фæстæ, Ма сæ бафæллай!.. А-лол-лай!.. СИДЗÆРГÆС Халон баргъæвст сындзыл. Уад тымыгъ хæссы... Сау айнæджы рындзыл Нары хъæу хуыссы... Даргъ æхсæв фыдбонæй Цард удæн — хуыздæр... Рухс цæуы кæронæй, - Бадынц ма кæмдæр... Иу зæронд ыскъæты, — Тас хъæуы уæлдай, Аззади фæсвæды Ацы бæстыхай, — Ма дис кæн йæ бадтыл! Цуайнаджы уæлхъус Архайы йæ артыл Иу саударæг ус. 90
Артдзæсты кæрæтты, Фæныкмæ æнгом Бадынц сывæллæттæ, — Чи бæгънæг, чи гом... Уазал æмæ стонгæй Бирæгъ дæр тæрсы, — Удхæссæг æввонгæй Ахæмты хæссы... — Ма кæут, мæ хуртæ, — Дзуры сæм сæ мад, — Афыцой хъæдуртæ... Абадут æнцад!.. Митæйдзаг æхсæлы Мары фæздæгæй... Цæстысыг æзгъæлы Агмæ сусæгæй... Хъуырмæ схæццæ хъарæг: «Дудгæ фæбада Зæйы бын нæ дарæг, Мах чи фæсайдта!.. Фондзæй уæ ныууагьта Иу ныййарæгæн, — Мады зæрдæ скъахта, — Царæфтыд фæдæн!.. Зондæй мыл фæтых дæ, О, мæ лæджы хай, — Сидзæртæй фæлыгъдтæ Ингæнмæ тæргай!.. Буц хъæбул дæм дзуры, — Сфæлмæцыд йæ мад, — Махæн дæр дæ цуры Сцæттæ кæн бынат!» Цæстысыг æзгъæлы Агмæ сусæгæй... Митæйдзаг æхсæлы Мары фæздæгæй... Бафæллад кæуынæй Бинонты кæстæр, — Къонайыл æрфынæй Адæмы хуыздæр! Иууылдæр дæ адыл Тулдзысты, фæлæуу! — Стонг æмæ фæлладыл Тых хуыссæг кæм нæу!.. — О гыцци, кæд уыдзæн? Райс-ма, цæй, дæ аг!.. — Абадут!.. Фæуыдзæн Алкæй дæр йæ фаг... Аг кæлы йæ былтæй, — «Хъæдуртæ» фыцынц... Алы ран тымбылтæй Сидзæртæ хуыссынц... Стонг æмæ кæуынæй Лæг куы сфæлмæцы, Тарф у уæд йæ фынæй, — Маст æм нал хъуысы. Лыстæнмæ сæ хаста Мад йæ хъæбулты, Адæрсгæ сæ нуæрста Алы бызгъуырты... Скодта сæ рæбынæй, Дæлфæдтæм æрбадт... Гъай-да-гъа! Кæуынæй Нал æфсæст сæ мад!.. Сидзæртæн хъæдуртæ Се ’хсæвæр хуыдта, Афтæмæй сын дуртæ Цуайнаджы фыхта, — Афыцын æфсоны Байрох уа сæ хæрд... Стог æмгъуыд нæ зоны, — Иу сайд сын æгъгъæд!.. 91
БУЛКЪ ÆМÆ МЫД Ма худ аууонмæ æвзæрыл, Хорзы-иу йæ цуры бафау! Дунетæй хуыздæр куы фестай, Гъе, уæддæр дæхи уд ма стау! Хорз æфсин цы нæ хæринаг Авæрдзæн лæгæн йæ разы! — Уазæгæн йæ мæгуыр фынгæй Бирæ кад дæттын фæразы... Гъе, уæддæр нæ хæринæгтæ Алы ран сæхи æстауынц, Загъд кæнынц, сæ кæрæдзийы Уазæджы цæстмæхъус фауынц. Физонæг ма, йе хæбизджын Дзурæд! — уазæг дæр сæ буц у, Фæлæ задын, хомыс, бламыхъ, — Тайтма дæ хæрынц, — ныхъхъус у! Булкъæн та æппын цæсгом нæй! — Фаджысдон кæны къæбицæй, Судзы ком, уæддæр дын искæй Уадзы, цы, хуыздæр йæхицæй?! Иу фынджы рагъыл та иу хатт Уый дæр та фæзынд кæцæйдæр!.. Уайтагъд та йæхи фæсвæдты Мыдмæ баласта хæстæгдæр... — Ох-ох, уазæг, æз мыдимæ, — Загъта, — диссаг дæн, æрбалæуу... — Гъе, смаггæнаг! — мыд фæмæсты, — Ныр цы мæт кæныс мæ бæсты, Æз хуыздæр куы дæн æнæ дæу!.. ХАЛОН ÆМÆ РУВАС Цæстмæхъус ныхас Бæласы цонгыл Фыдбылыз хæссы... Цæргæсау сбадти, Хуыснæггаджы бас Йæ сæфты стонгыл Фу-фуйæ сысы... Ныр дисæй марди. Кæмдæр та халон - Зæрдæхъæлдзæгæн Цыма дзы хъалон Тæрхæттæ кодта, Нæ фыййау дардта - йæхи фыдæнæн Цыхты къæртт ссардта. йæ цыхт нæ хордта. 92
— Цæй, ныр æвналон, — Фæзæгъы халон, Фæлæ та ’взары, — Цыхт дзыхы дары... Уæд дын æм рувас Кæцæйдæр рауад... Уайтагъддæр минас Йæ былтыл ауад... Цæст андæгъд цыхтыл... Йæ къахы æлгътыл Дæрдтыл æрзилы, Йæ къуди тилы... Нæ рагон фыдсыл Нæ зоны бæгуы! — Мæ хуры чысыл, Куыд рæсугъд дæ, куы! — Бынæй йæм дзуры, — Уындæй дæ цуры, Дæ фæхъхъау фæуон, Кæмæй раппæлон?! Дæ даргъ дæллагхъуыр, Дæ сау базыртæ, Дæ диссаджы гуыр, Дæ худгæ былтæ!.. Æххæст ма зарын Куы зонис, уæд дæ Паддзахæн дарын Фæразид зæрдæ... Æфсæрмы ма кæ, Мæ уды гага, — Дæ зарæг ракæ!.. — Нæ халон «хъа, хъа!», Зæгъгæ, фæкодта Йæ хъæлæсы дзаг... Паддзахгæнæггаг Кæйдæр цыхт хордта Нæ гæды рувас, — Ды та уал уым уас!.. БИРÆГЪ ÆМÆ ХЪРИХЪУПП Алчи зыдгæнæджы Бирæгъ фæхоны, Бирæгъ зыд кæй кæны, Чидæрид зоны... Раджы та иу бирæгъ Нард хæдмæл хордта, Афтæмæй адæмæн Тугуарæн кодта. Диссаг æвналынмæ, — Цас ын æнтысти! Уалынмæ уоны стæг Хурхы нынныхсти. Атылди, адæргъ и, Нал уыд йæ сæрæн... Амонд йæ хъахъхъæнæг Ахæм æвзæрæн! Хърихъупп хæстæджыты Донбылтыл зилы... Бирæгъ йæ цыппæртæ Хърихъупмæ тилы. — Ай та цы диссаг у? — Рагæй æрæгмæ Никуы мæм бабæллыд Бирæгъ хæстæгмæ... Хърихъупп фæзæрдæлхæд, Абадт йæ цуры: — Цæй-ма, цы мæ кæныс?.. Сырд ма кæм дзуры! Иу цæст ма фезмæлыд, Иннæ ныдздзагъыр... Хърихъупп цæстæнгасыл Рагæй уыд ахуыр, — 93
Бирæгъы хъæлæсы, Сырд дын фæхъæр ласта: Фатау фæцавта — Гъæ, дзæгъæлхæтæг! Даргъ бырынкъ, афтæмæй Тас мын кæй баззадтæ Уоны стæг сдавта. Абон дæхæдæг! Бирæгъ æсулæфыд... Бузныг цæуылнæ дæ, Фервæзт нæ рынчын!.. Тайт-ма мæ дзыхæй Хърихъупп æм бадзырдта: Де ’взæр лæгуын къоппа — Цæй-ма, мæ мызд мын! Райстай дзæбæхæй?! Барст дын уæд ацы хатт Ацы тыхтона! Искуы ма фембæлæм, — Додой дæ къона! ДЗÆБИДЫРДЗУАН Зебаты хъæуы цардис æгасæй æртындæс хæдзары. Арф уын- гæг комы сæрмæ, бæрзонд мигъты æмвæз, йæ хæдзæрттæ уæлиа- уæй зындысты зæрватыччы ахстæттау хохы айнæгыл. Бынæй комы дон хъæргæнгæ уади йæ айнæг къæйбыныл, калмау, къæдз- тæгæнгæ дыууæрдæм, æмæ дардмæ æрттывта хæрдгæ æндахау. Иу бæлас, иу къутæр никуы уыдис. Æрмæст дардыл бæстæ 6а- цахстой ихсыд къæдзæхтæ æмæ дуртæ. Цардысты уыцы хъæуы ир. Цардысты тынг мæгуыр, уый тых- хæй æмæ сын нæ уыдис нæ хуымгæнды, нæ хосгæрсты зæхх. Лæгтæ-иу цыдысты дзæбидырдзуан, устытæ кодтой хæдзары куыстытæ. Сæгътæ дардтой хъуццыты бæсты, хæрджытæ та бæхты æмæ галты бæсты. Дыууæ хæрæджы кæмæ уыдис, уый хуындис хъæз- дыг. Маргъы мыггагæй æгас хъæуы уыдис лæгуын уасæг æмæ æртæ фыдуынд карчы. Фæззæг хъæуы алфамблай вæййы æнкъарддзастдæр. Æнæуд кæрдæг фæлурс кæнын байдайы. Цъæх мигъ æрхæццæ вæйй:л хъæумæ, цъититæй раулæфы уазал дымгæ, райдайы къæвдайæн, митуардæн, хъызтæн сæ фæлтæр... Фæлæ ма найгæнæн мæйы фæстæ искуы стæм хатт фæзынынц райдзаст хур бонтæ уазал райсом æмæ диссаджы хъарм изæртимæ. Ныгуылгæйæ хуры тынтæ сыгъзæрин арт суадзынц рæсугъд хæхты сæртыл. Æгас комы æрæмбæрзы рухсдзыд цъæх мигъ, цагъд къуымби- лау, æмæ дзы фæзынынц цыргътигъджын хæхтæ. Бæстæ нысса- быр вæййы. Дард ран кæмдæр хъæр кæны æрмæст комы дон, æнæбанцайгæйæ уасы алы хъæлæсæй æмæ хъал кæны къæдзæх айнæг бæстæ йæ мæрдвынæйæ. Иу ахæм изæры хъæуы кæройнаг хæдзармæ æрбацыдис иу хæрз лæппу-лæг. — Тедо! — зæгъгæ, бадзырдта лæппу мидæмæ. 94
— Чи дæ? — райхъуыст фæстæмæ хæдзарæй лæджы дзурын, æмæ уайтагъд ныллæг дуарæй разынд бæзæрхыг, фидарарæзт лæг, зæронд цъæх цухъхъа æмæ нымæтхуд йæ уæлæ. — Уый ды куы дæ, Сабан!.. Æгас цу! — исдуг фæджихау, стæй хъæлдзæгдзастæй загъта лæг лæппуйæн. — Кæм уыдтæ, цы хабар дæм ис? — Уæртæ мын иу хуыцауы налат сæгъ ме ’рчъи аласта æмæ йæ бахордта, ныууагъта ма йын йæ зæвæт, — райдыдта дзурын лæп- пу уынгæг хъæлæсæй. — Байстон æй æрдæгæууылдæй. — Уый дыл æвзæр ми куы æрцыд, уæдæ, — хъазгæйæ загъта Тедо. — Цæй, уæддæр æй фæуыдзынæ рæхсад. Мах дæм фæлæу- дзыстæм мæйы скæсынмæ. — Æцæг зæгъыс? Хорз уæдæ, бузныг уый тыххæй. — Бузныг у Æфсатийæ, махæн райсомы сæуæхсидмæ здыхт- сыкъаджын дзæбидыртæ чи æрæмбырд кæндзæн... Ныр та уал цу де ’рчъи рæхсынмæ! Тедойы хæдзары уыдис дыууæ хатæны: бинонты цæрæндон æмæ сæгъдон, се ’хсæн кау къул. Цæрæндоны цæгатварсырды- гæй цары уыдис рудзынджы бæсты чысыл хуынкъ. Хæдзары ас- тæу къонайы раз сыгъдис арт. Фæздæг цыдис цары хуынкъæй. Уæларт ауыгъд уыд аг. Æрыгон сыгоймаг тарбын хыссæйæ арын- джы лауаситæ кодта æмæ сæ фыхта тæвд фæнычы. Къонайæн иннæрдыгæй фарс бадтис зæронд лæг æмæ йæ хъæбысы ирхæф- ста сывæллоны. Уыдон æгасæй сты, ныртæккæ мидæмæ чи æрба- цыд, уыцы Тедойы бинонтæ: йæ фыд, йæ ус æмæ йæ фырт. Йæ фыд Зурапп уыд кæддæр дисæн дзуринаг хорз цуанон, фæлæ ныр зæрондæй йæ хъару асаст, цæстæй хорз нал уыны æмæ йæ хъыримаг бафтыд йæ фырты къухы. Фырт дæр нæ фæкъæмдзæс- тыг кодта йæ фыды, цуанонты астæу йæ топпы æхст мæнг нæ код- та, æмæ нымад уыд хорз цуаноныл хъæуы мидæг. Тедомæ-иу исчитæ куы æрæмбырд цуаны цæуынмæ, уæд-иу Зурапп схъæлдзæг æмæ-иу ныхасгæнæг сси. Йæ зæрдыл-иу æрлæу- уыдысты йæ лæппуйы бонтæ, æрымысыд-иу рæвдз цуаны цыдæн хорз фæндтæ æмæ сæ амыдта йæ фыртæн. Æрмæст Зали, Те- дойы ус, тынг хъыг кодта алы хатт, йæ мой-иу цуаны куы раст кодта, уæд. Бирæ ныхæстæ фехъуыста, дзæбидырдзуан куыд тас у, уый тыххæй æмæ тарсти йæ мойæн. Йæ лæгæн-иу уый тыххæй исты куы загътаид Зали, уæд-иу Тедо худтис йæ усы тæрсгæ рызтыл. Цæстысыгтæ Тедомæ хорз нæ кастысты, æмæ йæ ус нæ уæндыд кæуын йæ цуры. — Уый дæм чи дзырдта? — бафарста Зурапп, йæ фырт хæ- дзармæ куы æрбацыд, уæд. — Сабан, — загъта Тедо, — фæлæуут мæм, зæгъы, мæйы скæ- сынмæ, нæма, дам, срæвдз дæн. Æз ын зæрдæ сæвæрдтон, фæ- лæудзыстæм, зæгъгæ. — Хъæугæ дæр афтæ кæны, — загъта зæронд лæг. — Мах дæр нæ рæстæджы кæрæдзиуыл афтæ иузæрдион уыдыстæм. Мæй 95
раджы скæсы, срæвдз уыдзыстут уæдмæ. Мæйрухс æхсæвы дзæ- бидыртæ дæлиау æрцæуынц. Мыствæндагыл куы ацæуат, уæд сæ боны рухсмæ сæййафдзыстут рагъыл. — Уый афтæ у, — загъта Тедо, — фæлæ тынг тас у уыцы фæндагыл æхсæв хæрдмæ хилын. — Гъе, æгуыдзæг хæппудтæ! — тызмæггомау бахудт зæронд цуанон. — Дзæбидырдзуаны хъуамæ лæг къуылымпы мацæуыл кæна. Æз уыцы фæндагыл ссыдтæн саумигъ мæйдар æхсæвы, къæвдайы, чысыл ма бахъæуа иу къахдзæфы тыххæй фесæфон: мæ къахы æвæрд мæ фæсайдта, фæлæ мын ницы уыд. Райсомæй йæ фæрцы расхъиуын кодтон айнæджы рындзæй уалæ уыцы дзæ- бидыр... Зурапп хъæлдзæггондæй бацамыдта къухæй хæдзары къулмæ: уым ауыгъд уыди дыууæ æмбисонды стыр сыкъайы. — Æз мæхицæн нæ тæрсын, — йæхи раст кодта Тедо, — зонын алы дуры дæр уыцы фæндагыл, фæлæ немæ уыдзæн æвæлтæрд цуанонтæ, чи зоны, уыдон сæ ныфс куы нæ бахæссой. — Кæстæрты фæндыл цæуын нæ хъæуы, — загъта тызмæгæй зæронд цуанон, — уыдон хъуамæ хъусой хистæртæм. Æхсæвæр сцæттæ. Зали райста уæлартæй аг, байдзаг кодта дыууæ къусы хъæрмхуыппæй æмæ сæ лауаситимæ æрæвæрдта Зураппы раз. Зæронд лæг радта сывæллоны йæ мадмæ æмæ кувгæ-кувын асаста кæрдзын. Æфсæрмыгæнгæ, Тедо æрбадт йæ дæллаг фарс æмæ райдыдта йемæ æхсæвæр хæрын. Зали кæддæриддæр куыд кодта, ныр дæр афтæ лæууыдис, сывæллоныл хæцгæйæ. Зурапп фæстаг хуыпп куы скодта йæ къу- сæй, куы адаудта йæ зачъе æмæ куы раарфæ кодта Хуыцауæн, уæд Тедо цæрдæггомау айста фынг æмæ йæ радта йæ усмæ. Зу- рапп ссудзын кодта лулæ, «фæндараст-иу фæу», зæгъгæ, йæ фыр- тæн загъта æмæ хуыссæнмæ араст и. Хуысгæ та кодта сæгъдоны. Зæронд лæджы ацыды фæстæ Зали дæр райдыдта æхсæвæр хæрын. Тедо райста йæ фырты, æрбадын æй кодта йæ уæрджы- тыл æмæ байдыдта хъазгæйæ дзурын йæ усимæ: — Æнхъæлдæн, æмæ де ’фсины фæзмыс, — цы та æруагътай дæ фындз? — Курын дæ, ма цу уыцы фыдбылызы фæндагыл, — сусæгго- мау сдзырдта Зали æмæ сæр æркъул кодта къусмæ. Ставд цæс- тысыг æруади йæ тымбыл сырх уадулыл æмæ ныххауди хъæрм- хуыппы. — Æз тæрсын фыдбылызæй... — Х-а-а-а, гуымиры, æдылы, сæрхъæн! Цæмæй тæрсыс? Æнхъæлдæн, фыццаг хатт нæ цæуын... Хуыцауæй бузныг, бирæ хæттыты уыдтæн... Ноджы ма иннæты дæр сахуыр кæндзынæн... Цæй, æгъгъæд у, æгъгъæд! Зонд дæм уæд. Рох дæ ма уæд, цæ- рын нæ хъæуы, уый. Нæ цард та у цуаны куыстæй. Хæппуд ма у, æз дын ахæм сычъи æрласдзынæн, æмæ мæ дæхæдæг тыххæй куыд æрвитай цуаны. — Тедо, о Тедо! — æрбайхъуыст хъæр уынгæй. 96
— Фæцæуын, — ахъæр кодта Тедо; райста къулæй топп, хы- зын, басылыхъ æмæ рацыд уынгмæ. Мыствæндаг уыд тынг æвзæр, уæлдайдæр тæссаг уыд æхсæ- выгон цæуынæн. Куы калмау къæдзтæгæнгæ цæуы къæдзæхы зыхъхъырты, куы цæхгæр къуласинтыл схизы айнæгыл, куы та гæккуырийау быры фидар айнæджы æнцъылдтыл, куы хæлуа- рæджы тынау æрзилы тыхсæгау тæккæ къæдзæхы рындзмæ, сæр- сæфæны сæрмæ, куы та бынтондæр фесæфы хæлд къæдзæхы æмæ стыр змæст цæнддурты æхсæн. Ранæй-рæтты афтæ уынгæг у, æмæ дзы къах æрæвæрæн нæй: лæсын дзы хъæуы цыппæр- тыл. Алы къæдзæхæй дæр тас у цуанонæн асхъиуынæй ахæм æнæ- бын ранмæ, йе стджытæ йын.халон дæр кæм не ссардзæн. Тедо цыди цуанонтæн сæ разæй. Йæ къæхтæ фæлладысты, фæлæ уæддæр цæрдæг хылд размæ. — Мæ бон нал у дарддæр цæуын, — схъæрзыд æнæфæлтæрд цуанонтæй иу. ^ — О, о, аулæфын хъæуы, — сразы сты иннæтæ. — Улæфынмæ нæ не ’вдæлы! — загъта Тедо. — Бон цъæх кæ- нын, байдайдзæн, æмæ хуры скастмæ не схæццæ уыдзыстæм рагъмæ. — Ацæуæд, чи цæуы, уый, мæнæн мæ бон нал у, — загъта æвæлтæрд цуанон. — Гъе, æгуыдзæг! — фæхъæр ыл кодта Тедо. — Дзæбидырдзуа- ны бæсты дæ фæлтау хыссæ змæнтын хъуыди!.. Зауырбег! — фæдзырдта Тедо йæ фæстæ цæуæг æмбалмæ, — ды зоныс ацы фæндаг мæнæй хуыздæр, æмæ баззай йемæ, мах цæуæм. Хуры æркастмæ, цыфæнды куы уа, уæддæр уыдзыстæм рагъыл. Цæр- дæг-иу скъæрут дзæбидырты, уыдон нал фæцæудзысты нæ топ- пы нæмгуытæй. — Æз дæр ам лæууын, — æфсæрмдзастæй ма загъта иу цуанон. — Уый та хуыздæр, — разæй æрбадзырдта Тедо, — алы къор- ды дæр нæ уыдзæн æртæ лæджы. Цомут! — æмæ ногæй цæуын райдыдта. Тедо ныфсытæ æвæрдта йе ’мбæлттæн, тас рæтты сын амыдта, къах æрæвæрын кæм хъуыди, цы дурыл фидардæр хæ- цын хъуыди, цæйбæрц гæпп кæнын хъæуы, уыдæттæ... — Фæлæуут!,— æвиппайды фæхъæр кодта цуанон,— æнхъæл- дæн, æмæ къæдзæх фехæлд, нæй дзы къах æрæвæрæн. Æмæ, æцæг, фæндаг уыцы ран нал зынди. Тедо акаст размæ æмæ йæхицæй иу-дæс санчъехы æддæдæр ауыдта къæдзæхы тигъ, дарддæр та чысыл зындис фæндаг. Цуанонтæй фæндаджы æхсæн уыдис цæхгæр айнæг къул; йæ сæр ын бамбæрзта сæууон мигъ, йæ бинаг кæрон та хæццæ кодта суанг арф комы бынмæ. Лæгдзи- над æмæ хъæбатырдзинад бирæ хъæуы фæндагмæ бахизынæн, чысыл зынгæ айнæджы къуыппытыл хæцгæ, къæдзæхы æнцъыл- дты æмæ хуынчъытыл æнцойгæнгæ. Фæлæ хъазуатджын хæххон гуырдтæ рагæй ахуыр сты ахæм зындзинæдтимæ сæ цард æрви- тыныл. 7 Ирон Л1гтературяе сывæллæтпен 97
— Æриут бæндæн! — хъæрæй загъта Тедо. Радтой йæм æй, æмæ дзы йæ астæу æрбабаста. — Хорз хæцут! — Хæцæм, — загътой йе ’мбæлттæ. Тедо гæдыйы хылд кодта айнæг къæдзæхыл, хæцгæ æмæ æнцойгæнгæ алы хуынкъ æмæ алы къуыппыл. — Рауадзут-ма! — æрбадзырдта цуанон сæрсæфæны фалейæ. — Æ-гъа! — адзырдтой йе ’мбæлттæ æмæ ауагътой бæндæн адлийы æрдæджы бæрц, æндæр нæ. — Ноджыдæр! — загъта Тедо. — Æ-гьа! — Æгъгъæд! — хъæлдзæгæй æрбахъæр кодта Тедо фаллаг фар- сæй, — тас нæу! Цырддæр ут! Дыккаг цуанон бахызт тагъддæр, уый тыххæй æмæ баст уыдис бæндæны астæуæй, йæ кæрæттыл та хæцыдысты дыууæрдыгæй иннæ цуанонтæ. Хъуыди ма бахизын Сабаны. Уый дæр иннæтау æрбаста йæ астæуыл бæндæн, адзырдта: «Хæцут», — æмæ бай- дыдта хилын айнæг къæдзæхыл. Иууылдæр та агуыппæг сты, нал сæ хъуыстис сыбыртт. Тедо бæндæн йæхирдæм фылдæрæй- фылдæр ивæзта. Дыууæ санчъехы ма, — æмæ Сабан фæуыдзæн се ’рдыгæй. Хъустыл цыд йæ къухты хыррытт къæдзæхы къул- тыл, йæ къæхты бынæй хуыр згъæлдис дæлиау, сæрсæфæнмæ. — 1Еллсех\ — райхъуыст цуаноны мæсты тас хъæр. Сабан фæ- бырыд æмæ асхъиудта, фæлæ йæм йе ’мбæлттæ цæттæ лæууы- дысты: хъæбæр хæцыдысты бæндæныл, æмæ лæппу хъеллаугæнгæ баззадис æнæбын хауæны сæрмæ. — Фæцæф дæ? — ныхъхъæр æм кодта Тедо. — Æнхъæл нæ дæн! — хъуырæлвæстæй сдзырдта Сабан. Æмбæлттæ йæ сластой æмæ цыдысты дарддæр сæ фæндагыл. — Цæй, ныр Хуыцауæй бузныг, — загъта Тедо, куы та фер- вæзтысты ноджы иу ахæм зын ранæй, уæд, — ныр нын тас нал у. Чысыл ма нæ хъæуы, æмæ бон дæр æрбацъæх уыдзæн. Уайтагъддæр цуанонтæ схæццæ сты æмбырдгæнæн ранмæ. Иучысыл фæз, къæдзæхæн йæ тæккæ сæрмæ, уыд сæ хуыздæр фæлладуадзæн. Уым-иу кодтой цуаны фæндтæ. Уырдæм-иу æрха- стой сырдты мæрдтæ, скодтой-иу арт, фыхтой-иу физонджытæ, зарыдысты хуыздæр зарджытæ æмæ-иу бафынæй сты фæлладæй хорз минасы фæстæ. — Гъеныр чысыл нæ фæллад дæр суадзæм, — хъæлдзæгæй загъта Тедо æмæ систа йе ’фцæгæй хызын æмæ топп. — Ныр нæхимæ стæм. Цуанонтæ тымбылæй сбадтысты æмæ райдыдтой аходæн хæ- рын. Алкæмæ дæр сæ уыд хоры кæрдзынтæ æмæ цæхх хызыны. Сабанмæ ноджы уыд чысыл цыхты къæртт. Уалынмæ æрхæццæ цæуыны афон. Цуанонтæ срæвдз кодтой топпытæ, бафснайдтой сæ уæлдай дзаума, кæрæдзийæн «рæствæн- даг» загътой æмæ ацыдысты сæ нысангонд бынæттæм. 98
Тедо хъуамæ бацахстаид тæккæ бæрзонддæр хъавæн. Йæхи фæхицæн кодта æмæ райдыдта тындзын хæрдмæ, къæдзæхыл хилын. Иу фæзилæны чысыл алæууыд, йæ худæй цыдæр аца- мыдта йе ’мбæлттæн æмæ фæаууон. Сæумæрайсом хуры тынтæ сæнтсырх арт суагътой Сæнайы мигъджын хохы цъуппыл. Хæхтæ хæрдмæ бырæгау зындысты сæууон мигъы бынæй. Дæлиауæй сау дардта Дайраны ком. Тедо фæцæйхæстæг кодта йæ хъавæн бынатмæ. Цæхгæр хæрды æгæр фæцыд æмæ йæ æрлæууын хъуыди йæ улæфт суадзынмæ; хъы- римагыл æрæнцой кодта æмæ алырдæм акаст... Йæ рахизварс, чысыл уырдыджы, хызт дзæбидырты дзуг. Цуаноны зæрдæ фырцинæй ныррызти. Йæ топп хæрдмæ систа, фæлæ йæ уайтагъд фæстæмæ æруагъта: нæмыг не схаудтаид дзæ- бидыртæм. Ахъуыды кодта: кæцырдыгæй сæм бацыдæуа хæс- тæг. Фæндаг сæм ис, бæлвырдæй, дыууæ раныл. Уæллаг æдас- дæр уыд цуанонæн, фæлæ аууон нæу: дзæбидыртæ фæлидздзыс- ты, дæллагыл сæм ис тынг хæстæг бацæуæн, фæлæ уыцы фæн- даг æфты æгæр тас ран лæбырдмæ... «Гъе, ницы кæны», — тагъд- гомау загъта Тедо æмæ фæраст дæллагыл. Æнусон цъититыл цæрджытæ æмæ сау айнæгыл дугъы уай- джытæ нæма зыдтой, цы фыдбылыз сæм фæцг^йхæццæ кодта, уый; сæ иутæ æнæ зæрдæхсайгæйæ хызтысты къуллæгъзы, ин- нæтæ æнцад хуыссыдысты къæдзæхы рындзыл. Ныры хуызæн Тедо никуыма фæкаст йæхимæ арæхстджындæр æмæ цырддæр! Сабыр, æмбаргæ цыдæй, хъæддаг гæдыйау, хъуызыд йæ нысан- гонд сырдмæ. Иунæг хуыр, иунæг дур нæ фезмæлыд йæ бына- тæй, сыджыты мур нæ фæхауд йæ къахы бынæй. Размæ цыдис чысыл къахдзæфтæй, фæлæ йын алы ног къахдзæф дæр уыд стыр ныфс йæ фæнд сæххæстæн... Иучысыл-ма, — æмæ уæд сны- сан кæндзæн хуыздæр дзæбидыр топпы æхстæн... Гъеныр тынг хорз ран ис! Чысыл лæгъз бынат, къæдзæхы рындзыл, хорз уыдзæн æрбадынæн, бахъавынæн... Нæфевгъуый- дзæн. Нæ йæ тæрсын кæны йæ къæхты бын дæлиаумæ хауæн, — сæрсæфæн, ферох дзы, йæ уæле лæбырды сæрмæ стыр дурты цæндтæ, ферох æй ис, уыцы цæнддуртæ мæнгæфсон кæй лæу- уынц, чысыл агайдæй кæй ракæлдзысты æмæ йын уæд йæ сæр кæй баныгæндзысты комы рæбын. Тедойы хъуыдыйы уыд æрмæст дзæбидыр, ныртæккæ кæй расхъиуын кæндзæн. Топп хæрдмæ систа æмæ ныхъхъавыд... Цы дзæбидыр снысан кодта, уый базмæлыд, сыстад æмæ æрхуыс- сыд иннæ фарсыл. Тедо банхъæлмæ каст йæ æрсабырмæ; ныхъхъавыд ногæй, фæлæ æвæндонæй æруагъта топп фæстæмæ: цы дзæбидыр сны- сан кодта, уый райдыдта хъазын. Ахæм хъазт та уыны стæм цуа- нон. Дзæбидыр йæ фæстаг къæхтыл слæууыд, йæ сæр бынмæ, афтæмæй йæхи раппæрста дæлиау иннæмæ, тæккæ лæбырды сæр чи лæууыд, уымæ. Дардмæ фехъуыст сæ сыкъаты къæрцц. Дæл- 99
лаг дзæбидыр тынг хъазуатонæй баурæдта уæлладжы цæф. Аив- той знæгтæ сæ бынæттæ. Ноджы та иу ахæм мæсты гæпп, дис- саджы сыкъаты къæрцц æмæ та хъæбæр урæд уæлладжы цæ- фæн. Æмæ та аивтой сæ бынæттæ. Нæ зонын, цас ма уыдаид уыцы тыхæвзарæн хъазт, Тедо йæ куы нæ фæцыбыр кодтаид, уæд. Цуаноны сæры бацыд хинæй- дзаг хъуыды: сфæнд кодта иу æхстæй раппарын дыууæ дзæби- дыры дæр. Фæнд раст фæци. Уæллаг дзæбидыр фæстаг къæхтыл куы слæууыд æмæ фæстæмæ куы фæцыд стыр гæпп ракæнынмæ, уæд Тедо фехста дæлладжы, æмæ дыууæйыл дæр цуаноны хин æрцыд. Дæллаг топпы нæмыгæй фæцæф, уæллагæн нал фæцис ныхмæлæууæг æмæ расхъиудта йе знаг æмбалимæ дæлæмæ. Цуанон тынг цин кодта. Фæлæ йæ цин бирæ нæ ахаста. Топпы гæрах фæтæрсын кодта иннæ дзæбидырты. Лидзынмæ фесты. Чысыл фæстæдæр сæ иу фæзынд цæнддуртыл, цуаноны сæрмæ. Тедо федта, куыд агæпп кодта дзæбидыр, йæ сæрмæ куыд фез- мæлыд иу дур, дыккаг, æртыккаг... Зæрдæйы сæмбæлд мæлæты тас. Уайтагъд дуртæ сæхимидæг базмæлыдысты, сæхи рахастой æмæ тызмæгæй, æрвнæрæгау, схъиудтой цæхгæр лæбырдыл уырдыгмæ. Алы дурæн дæр йæ фæдыл хаудысты æндæртæ къордгай. Дурзæйы гуыр-гуыр æмæ къæр-къæр бæстæ ныццарыдта æмæ хъуысти дардмæ. Рыг, мигъау, сбадтис комы сæрмæ... Зæй цыд фæци. Кæмдæр, комы нарæджы æрсабыр йæ фæстаг хъæр... Рыг æрбадт... Хохы рындзæн — Тедойы хъавæн бынатæн, йæ фæд дæр нал баз- зад... Æгасæй йæ бьгадзарæй ныххафта. Бынтондæр фесæфт... штшштшшшшж . гæдиатысекъа . (185&-1915) Зын æмæ гуыргъахъ уыд Гæдиаты Гуы- . цырийы фырт Секъайы фæндаг цардмæ. Рай- гуырд 1855 азы Гуырдзыстоны мæгуырдæр, талынгдæр æмæ æфхæрддæр къуымтæй иуы — Хъуды комы, Ганисы хъæуы, мæгуыр, фæлæ дзырддзæугæ лæг Гуыцырийы хæдзары. «Æгас дуне иннæрдæм куы фæзила, — фыс- та Секъа йæ райгуырæн бæсты тыххæй, — уæддæр Хъуды коммæ... кæнæ фехъуысдзæн, кæнæ нæ. Арвæй сын куыд нæ ис хай, афтæ сын адæмы рухсдзинадæй дæр нæй хай». Секъа йæхи ’гъдауæй æмæ гуырдзиаг сауджыны æххуысæй базыдта кæсын æмæ фыссын. Уыцы зонындзинæдтæ æмæ «æнæ- басæтгæ сфæлдыстадон хъару» йын стыр ахъаз фесты гуырдзиаг, уырыссаг æмæ дунеон литературæйы хъæздыгдзинæдтимæ базонгæ 100
уæвынæн. Дзæгъæлы йæ не схуыдта йæ фырт Цомахъ: «Хæд- ахуыр поэт». Йе ’мдзæвгæты æмбырдгонд «Ирон фыййау» мыхуыры фæ- зынд 1905 азы. Уымæй фæстæмæ ма бацæггæ кодта цалдæр æмбырд- гонды («Ганис», «Цæсты сыг», «Куырм фæндырдзæгъдæг»), фæлæ йын дзы иу дæр йæ цæргæйæ мыхуыры нæ рацыд. Секъа йе ’мдзæвгæты арæхстджынæй равдыста райгуырæн бæстæйы æфхæрд фæлгонц («Мæ бæлас», «Æнкъард хъуыдытæ», «Ныры дуджы цард»), фæллойгæнæг адæмы уæззау, хъизæмай- раг цард æмæ се ’нусон бæллиц сæрибар æмæ амондджын цардмæ («Къæвда», «Чермен», «Сæрибар»). Гæдиаты Секъа у «Азау», «Айссæ», «Дыса», «Арагуыйы Еры- стау æлдар», «Мад æмæ фырт» æмæ бирæ æндæр радзырдты автор. Йæ уарзон хъайтартæ сты иууылдæр рæстдзинадагурджытæ, ныфсджын, хъæбатыр адæймæгтæ, кад æмæ бартыл хъазуат тох чи кæны æмæ чи нæ сæтты, ахæмтæ. Сывæллæттæн цы уацмыстæ ныффыста, уыдон бæрцæй бирæ не сты, фæлæ егъау у сæ хъо- мыладон тых. Фыссæг хорз зыдта, сывæллон йæ гыццылæй цы фена, цæуыл сахуыр уа, уый цæрæнбонтæм кæй нал ферох кæн- дзæн («Бурдым æмæ булæмæргъ»). Æмбарын ын кæнын хъæуы, искæуыл хинæй куы цæуай, уæд кæддæр чидæр та дæуыл кæй рацæудзæн хинæй («Рувас-хадзы»), йæ зæрдæйы йын гуырын кæнын хъæуы уарзондзинад канд адæймагмæ, нæ, фæлæ фыды- бæстæмæ, цæрæгойтæм («Лæг æви сырд»), мæргътæм («Зæрва- тыкк»)... æмæ а.д. Секъа сывæллæттæн цы уацмыстæ ныффыста, уыдон раджы бацыдысты ахуыргæнæн чингуытæм. ДЗÆБИДЫР ÆМÆ МÆЛДЗЫГ (Æмбисопд) Дзæбидыр хохы сæр Цы хæцыдыстут, Цаддоны ныккаст, Цы уын уыд æмбис? Федта дзы йæ сытæ, Зæхх æмхуызон у, - Диссаг æм фæкаст. Уе ’ппæтæн дæр ис. «Адон та цы хæссын Цæрын нæ зонут, Мæ сæрыл, - загъта, - Уарзондзинад нæй. Æгас къæдзæхтæ?» — Уастæн фæкæна Мæлдзыджы фарста. Хæрам уд дæ-дæй. Мæлдзыг ын загъта: Махмæ-ма бакæс, «Иухатт уæм кастæн, Сæдæ сæдæйы иумæ Куыд хæцыдыстут Куыд цæрæм, Сау хохы рындзыл. Кусгæ дæр иумæ, Уæ сыкъаты хъæр Сихор, æхсæвæр Хох йемæ хаста. Иумæ куыд хæрæм. 101
Кæрæдзи уарзæм, Дзæбидыр йæ сæр Зыд дæр нæ кæнæм, Æруагьта дæлдæр; Чи нæ хъыгдары, Фæлæ сыкъатæ Уый дæр нæ тæрæм». Нæ хауынц уæддæр. ДОМБАЙ ÆМÆ МЫСТ (Æмбисонд) Домбай мыст æрцахста, — Хæрын дæ, — зæгъгæ, йын загъта. — Хуыцау дæ хорзæх раттæд, ма мæ бахæр, — сдзырдта мыст, — Дæуæн дæр искуы феххуыс уыдзæн бахъуаг бон мæ куыст. Домбай бахудт æмæ афтæ зæгъы: — Цымæ мын цы феххуыс уыдзæн мыст, Цы йæ бон у, цы — йæ куыст? Æмæ йæ куы бахæрон, уæддæр цы? Йе хуылыдз нæу, йе хус, Йе комдзаг нæу, йе рус. Фæлтау æй суадзон, цæуæд, Фæндараст-иу кæнæд. Мысты суагъта. — Цæугæ ныр, Ацу ’мæ та хуымты быр. Уый фæстæ домбайы цуанонтæ æрцахстой. Йæ къæхтæ йын бæндæнæй хорз сбастой. Куы райхъал домбай, уæд дæндæгтæй цæхæр акалдта. — Ехх, — загъта домбай, — царæфтыд фæдæн, арахъ мæ амардта. Уалынмæ дын мыст кæцæйдæр æрсæррæтт ласта, Домбайы бæстытæ адзæнгæл ласта. Домбай фестади, хъæргæнгæ саухъæды цæуы. Мыст дæр æм фæстейæ дзырдта: — Дæ хорз дын бафыстон, — зæгъы. ЧЕРМЕН Тылаттатæ байуæрстой Æрнæджытæ, гæмæхтæ. Черменæн хай равзæрстой Цъыфдзæстытæ, къæдзæхтæ. Уæд Чермен уыд хæтынмæ, Лæбурдта-иу бирæгъау Сау хъулгъайы сæттынмæ, Æрбатардта иу рæгъау. Бадти йæ мад æнкъардæй Арты фарсмæ къонайыл: «Сайдзысты дæ мæнгардæй, Ма-иу баууæнд Хъобаныл. Абон сæрвæт байуæрстой, Дæуæн дзы хай нæ радтой, Æвзæрæн дæ равзæрстой, Лæг у, зæгъгæ, нæ загътой». «Хъахъхъæ, нана, мæнмæ дæр, — Цæттæ — мæ гал, мæ гутон, Зæххæй кæм уа фæлмæндæр, Уым ныссадзон мæ гутон. Куы фæтæрсон не ’взæртæй, Мæ хъару ’мæ мæхæдæг, Уæд фæхъæуон ме ’мгæрттæй, Хæрам мын уæд дæ фæдæг...» 102
Чермен дын хуым бакодта Бамбæхстысты сабийау: — Дзæбæх æнцад-æнцойæ, «Кæдæм лидзæм, кæцырдæм!» — Тылаттаты бадомдта, — Чермен дæр дын таубийау Тарстысты-иу йæ койæ. Хуым бакодта фæрсырдæм. ЛÆГ ÆВИ СЫРД (Новеллæ) Уалдзыгон рæсугъд бон, хур арвы астæу тыбар-тыбур кодта, йæ хъарм тынтæ зæххыл æппæрста, алы цæрæг удгоймаджы ма- дау рæвдыдта. Цъæх сгæлладау зæлдаджы хуызæн кæрдæг ирдгæ фæйлыдта. Зымты ’хситт уасын айнæгæй айнæгмæ сау кæмтты хаста. Гæзæмæ дымгæ фаг улæфыд, æмæ йын бæлæстæ фæлмæн хъырныдтой. Æврагъы дæргъдзинады мæргъты зарæг æнцад æнкъуыста. Цард алы къуыбырæй йæ мидбылты худт. Иу дзыр- дæй, бæстæ бæрæгбон кодта. Урс фосы дзугæн сæгъты къорд сæ разæй, Фидæртты хохы схæлиу сты. Лæппу-лæг фыййау, Ахмæт, нымæт йæ уæлæ, топп йæ хъæбысы, къæдзæхы сынæгыл йæ фарсыл хуыссыд, кæрдæг- джын хизæн, уымæл ривæддон, нард фосы дзугæй йæ зæрдæ рухс кодта. Уалынмæ тигъæй сычъи-сырдты къорд æрбазындысты. Сæ цæу сæ разæй, сæгътæ йæ фæстæ къæдзæхы сынæгыл амбырд сты, кæмæн йæ сæныкк йемæ, чи та æнæ сæныкк. Цæу сæ разæй къуыбырыл лæууыд, æхситтытæ кодта, хъæбатыры бæрæгæн йæ раззаг къахæй зæххы цъар цавта. Кæй зæгъын æй хъæуы, Хуыцау рæсугъдæн кæй сфæлдыста, зæххы хъæд уæрæхæй кæй барæвдыдта, уыцы рæсугъд цæрджыты уынд æхсызгон кæмæн нæ уыдзæн, бирæ сæм фæкастæн. Уалынмæ сæм мæ сæгътæ дæр сæввахс сты. Сычъитæ æмбыр- дæй æрбазгъордтой æмæ сæгътимæ схæццæ сты. Æз æй нæ фæ- разын, куыд æй радзурон; уыдон хъæлдзæгад, уыдон циндзинад, æнусон хæстæг-хицонтæ, лæджы æхсарæй чи фæхицæн; бæрзонд æдзæрæг хæхтæ, æнæкæрон сау хъæдтæ сæрибар цардæн чи 6а- цагуырдта, уыдон ныр сæ уарзон æфсымæртимæ баиу сты. Кæд дзургæ, ныхас нæ кодтой, уæддæр уарзондзинадæй кæрæдзийыл узæлыдысты, кæрæдзийы былтæ сдæрдтой. Сæ фæстаг къæх- тыл-иу фæлæууыдысты æмæ сæ сыкъатæй хъæбыстæ кодтой. Æхсæрхуыз гæрæм стыр сычъи цæу къæдзæхы сынæгыл лæууыд æмæ бæрзæндты касти, æхситтытæ кодта, йæ уарзон æмбæлтты знагæй хъахъхъæдта, дардыл фæлгæсыд. «Ехх, — загътон, — адæм дæр афтæ куы уарзиккой кæрæ- дзийы, афтæ æхсызгон сын куы уаид кæрæдзийы уынд, афтæ куы хъахъхъæнид тыхджын мæллæджы». Уалынмæ ф&лейæ топ- пы гæрах фæцыд, æмæ цæу асхъиудта, сау комы нарæджы зæйы сæр абадт. Сычъитæ дзыгуырæй сгæпп ластой, дыккаг гæрахæн 103
дыккаг асхъиудта, фыццаджы фарсмæ зæйы сæр адæргъ. Фаллаг къуылдымæй цуанон ныззарыд: «Радтай, Æфсати, ноджыдæр та ратт!» Хæлынхуд йæ сæрыл, цъæх пæлæз, æрчъитæ, фæрдыг- дзых хъыримагæн йæ астæуыл хæцыд, тигътыл фæцæуы. Тудж- джыны зæрдæ йæм бадардтон, туджджын мын фестад. «Ма сæ бахæрай, — загътон, — ма дын батайой, цы дæ хъыгдардтой, цæ- мæн сæ амардтай? Хохы рындзыты кæрдæджы муртæ сын цы хæлæг кодтай?» Чи ма дзы аирвæзт, уыцы сычъитæ цæгатварсы ’рдæм Сыр- хыты хохы сæрмæ слыгъдысты. Фос æрыздæхтысты. Рындзыл та бадын, сагъæссаг хъуыдытæ зæрдæмæ калын. Уалынмæ та Сырхыты хохæй топпы гæрæхтæ, æрвнæрæгау, кæмттæ сарыд- той. Зораты Дзоццæ цагъды уæлдай уыцы сычъитæй æртæ ра- мардта. Фæхъыг та кодтон, ма уын бантысæд, мыггаг ма сæ куы ныууадзат, уæд! Кæд сын хос нæ карстат, цæхх сын нæ дардтат хохы бæрзæндты, цы хъыг уæ дарынц? , Хур дæр æрныгуылд, фæстаг хатт ма йæ сыгъзæрин тынтæй хохы цыргъытæн салам лæвæрдта, гæзæмæ дыдзы хур урссæр къæдзæхтæ æрттивын кодта. Фос æрыздæхтон, хъæумæ сæ ’ртард- тон. Æхсæв-бонмæ дæр нæ бафынæй дæн — уыцы сырдты цард, уыцы сырдты цагъд мæ зæрдыл лæууыд. Цæй, ныр мын æй зæгъ: уыдонæй сырдæй сырддæр кæцы у? КУЫРТТАТАГ ГÆДЫ ЛÆГ (Аргъау) Раст Куырттаты уæлæсыхы цард æртæ ’фсымæры; сæ фыды бын байуæрстой, бахордтой æмæ ма се ’хсæн иу тымбыл фынг уаринаг уыд. Фынгæн йе ’ртæ къахæй æртæ ’фсымæры фæйнæ къахы ай- стой, йæ гьæпæн та йын се ’хсæны ныууагътой. Иубон хистæр æфсымæрæн йæ ус афтæ зæгъы: — Дæ фынджы къах-ма ахæсс дæлæ Хæдзарты сахармæ æмæ дзы хæринаг балхæн, сыдæй куы мæлæм! Дыккаг бон хистæр æфсымæр йæ фынджы къах уæймæ ахас- та Хæдзарты сахармæ. Сахары кæрон ыл иу æлдар сæмбæлд æмæ йæ бафарста: — Цас кæныс дæ фынджы къах? — Фондз сомы, — загъта мæгуыр лæг. Æлдар йæ рихи аздыхта æмæ афтæ зæгъы: — Фондз сомтæн-йедтæн нæ зонын, фæлæ мæ кæд гæды дзырд- тæй бафынæй кæнай, уæд дын дæ фынджы къахæн фондз тума- ны. Кæд мæ нæ бафынæй кæнай, уæд дын де рагъæй æртæ гæрзы рауадздзынæн, дæ фынджы къах дæр мæн, æмæ дæ хæдзармæ цæугæ. — Хорз, — загъта мæгуыр лæг. Сразы. Бацыдысты æлдары хæдзармæ. Æлдар хæрд, нуæзт æрхаста: 104
ронг дыдзы уагъд, цæхджын куыры фыд. Мæгуыр лæгæн хорз бануазын кодта, йæхæдæг æрхуыссыд æмæ афтæ зæгъы: — Цæй, ныр мæ гæды дзырдтæй бафынæй кæн. Мæгуыр лæг расыгæй цыдæртæ дзырдта æмæ раздæр афы- нæй. Æлдар мæгуыр лæгæн йе рагъæй гæрзытæ рауагъта, йæ фынджы къах дæр ын байста æмæ йæ афтидæй рарвыста. Гуыбыр-гуыбыр сцæйцыд мæгуыр лæг Куырттаты уæлæсыхмæ. Уæд астæуккаг æфсымæрæн йæ ус афтæ зæгъы: — Акæс-ма, æвзæр, дæлæ де ’фсымæр цы ’ргъом схæссы, ахæсс ды дæр дæ фынджы къах æмæ йæ ауæй кæн. Астæуккаг æфсымæр дæр ахаста йæ фынджы къах, æмæ та йæ æлдар уыцы æгъдауæй фæсайдта, йе рагьæй та йын гæрзытæ рауагъта, йæ фынджы къах дæр ын байста, æмæ та уый дæр гуыбыр-гуыбыр хæдзармæ ссыд. Кæстæр æфсымæр йæхи сцæттæ кодта. «Ме ’фсымæртæй мын чи фæхъазыд, уый куы нæ базонон, æндæр мадзал нæй», — загъ- та. Иубон йæ фынджы къах райста æмæ Хæдзарты сахармæ æрцыд. Сахары кæрон та йыл уыцы æлдар сæмбæлд æмæ йын афтæ зæгъы: — Цас кæныс, лæппу, дæ фынджы къах? — Фондзыссæдз туманы, — загъта мæгуыр лæг. Æлдар загъта: — Фондзыссæдз тумантæ-йедтæ ныууадз, фæлæ мæ кæд гæды дзырдтæй бафынæй кæнай, уæд дын хæрæгуаргъ сыгъзæрин æхца. — Хорз, — загъта мæгуыр лæг, æмæ æлдары хæдзармæ бацы- дысты, æрæвæрдта та хæрд, нуæзт фыццæгтæй фылдæр, æмæ йын æлдар афтæ зæгъы: — Дæ ном уал мын зæгъ. — Мæ ном Амæй-фыддæр. Фæлæ дæ ном та цы хуыйны? — загъта мæгуыр лæг. — Мæ ном æлдар, æндæр цы. Цæй, ныр нуазгæ, — æлдар загъта мæгуыр лæгæн. — Басид мæм, æлдар, æз фысымы разæй никуы банызтон. Æлдар сидгæ æмæ нуазгæ, мæгуыр лæг дæр афтæ; хорз минас фæкодтой, æмæ æлдар æрхуыссыд. — Цæй, ныр мæ гæды дзырдтæй бафынæй кæн, — загъта æлдар. — Хæрæг æмæ хæрæгуаргъ сыгъзæрин æхца уал мын мæ цуры æрæвæр, æмæ уæд райдайдзынæн гæды дзырдтæ дзурын. Æлдар æрбакодта хæрæг, дыууæ голладжы дзаг сыгъзæрин æхца æмæ йын сæ йæ цуры авæрдта æмæ æрхуыссыд. — Цæй, ныр хъус, æлдар, — загъта Амæй-фыддæр. — Авд фысы мæм уыд, стыр фосы дзуг. Сæрд-иу Уæлхъæриу фæзы фæдард- тон, Дæлхъæриумæ та мын цыхцыртæ арæзт уыд. Дæлхъæриу мæ мад æхсыр фæрсыгъта, чырвазы мидæг дзы гуымбылтæ ах- ста. Иубон цыхцырты æхсыр рауагътон, афтæмæй бирæгъ æхсы- ры бахаудта, мæ мад æхсыр æрфæрсыгъта, æмæ бирæгъ сасиры хуынкъæй æруад, æмæ йæ гуымбылы бацахста; гуымбылæй мын 105
хæбизджын скодта, хосгæрдæн уыд æмæ мын æй Уæлхъæриумæ сæрвыста; хæбизджын æрсастон, æмæ бирæгъ уырдыгæй али- уырдта; цæвæг ыл фехстон, æмæ йæ дзыхы фæсагъд, халамæр- зæн ыл фехстон, æмæ йæ синты фæсагъд; разæй кæрдгæ, фæс- тейы ссивгæ æмæ фондзыссæдз мæкъуылы ацамадта. Иу хатт цæвæг дурыл сæмбæлд, зынг ацагъта, æмæ хостæ басыгъдысты; цæмæйдæрты ма хос скодтон. Уалынмæ зымæг æрцыд, бæстæ ныссалди, дон никуыуал уыд. Судзины бынæй акастæн, æмæ далæ Фыййагдон цъæх-цъæхид дары. «Цон, — загътон, — мæ дзугæн уым дон бадарон». Æрыскъæрдтон мæ дзуг, фæлæ Фыййагдон ныссалд, ихы бынæй ма дон хъуыр-хъуыр кодта; мæ цонджы стæгæй сарт ацарæзтон, мæ сæры фахсæй — мысалхъ, их ныггæр- стон æмæ ме стыр дзуг авд фысæн уым дон бадардтон. Уырдыгæй раздæхтæн, Куырттаты цъыхырмæ куы ’рбахæццæ дæн, уæд æркастæн æмæ мæ сæры фахс уым ферох, сыджыт бахæринаджы зæрдæ; фæстæмæ фездæхтæн, æмæ Фыййагдоны былыл мæ сæры фахсы уæрцц дыууадæс айчы афтыдта. «Хуы- цау дын авæра, гъе!» — загътон, æйчытæй хъайла акодтон, минас фæкодтон æмæ фæстæмæ раздæхтæн. Цалынмæ фæстæмæ цыд- тæн, уалынмæ мæ дзуг Куырттаты цъыхырыйы ныххæлиу сты, агурын сæ байдыдтон; иу ран мæ бæхы къæдзил цæуылдæр фæ- хæцыд, фæстæмæ фæкастæн æмæ стыр хæрис бæлас, йæ сæр арвыл банцад, мæ бæхы къæдзил уый уæлæ фæтыхст. Хуыцаумæ мæ цæуын хъуыд, топп лæвар мын загъта. «Цон, — загътон, — амæй хуыздæр фæндаг ма кæм ссардзынæн». Мæ бæхы уым фæ- уагътон, мæхæдæг хæрис бæласыл Хуыцаумæ сфардæг дæн. «Дæ бонтæ хорз, — загътон, — Хуыцау! Топп лæвар мын куы загъ- тай». Хуыцау мын хорз хъыримаг топп ралæвар кодта, цыдæр ныстуантæ дæр ма мын загъта. Рацыдтæн, æмæ бæлас уым нал ис, мæлдзыджытæ йын йæ уидаг ахордтой, æмæ ракалд. Фæс- тæмæ та -Хуыцаумæ балæууыдтæн. «Дæ хорзæхæй, — загътон, — Хуыцау, мæ бæлас акалд, фæндаг нал арын, исты хос мын скæн». Хуыцау йе ’ххуырстытыл фæхъæр кодта, æмæ зыгуымы лыстæ- нæй бæндæн ауагътой арвæй зæхмæ. Бæндæныл рабырыдтæн, æмбисвæндагмæ куы ’рхæццæ дæн, уæд сихæн дæн, арт акодтон, мæхи атавон, зæгъгæ, арт бæндæныл сирвæзт, бæндæн асыгъд, æмæ рахаудтæн, мæ фæрсчытæй дыууадæс ныссаст; райхъал дæн, бакастæн, æмæ уæртæ къутæры бын уæрцц бады. Хуыцау мын цы топп ралæвар кодта, уымæй йæ багæрах кодтон, æмæ уæрцц фæтымбыл; ракъæртт æй кодтон ’мæ дзы дыууадæс æмыр тæс- чъы фиу райстон. «Ме ’рчъитæ ныхъхъæбæр сты, уыдон дзы куы айсæрдин», — загътон; иу æрчъи дзы байсæрстон, иннæйы фаг нал сси; æрчъи фæтæргай, кæдæмдæр алыгъд. «Гъе, фыдæ- бон дæ хай фæуа», — загътон. Агурын æй байдыдтон, бакастæн, æмæ уæртæ Бæлтайы Слонатæн най тæры. «Гъа, гауыр, ме ’рчъи, — загътон, — гауыры цармæй конд». Йæ рахиз æхсæрварс ын ныц- цавтон, æмæ дзы еууы мæрт акалд, йæ галиу æхсæрварс ын ныц- 106
цавтон, æмæ дзы цæххы мæрт акалд; ме ’ккой сæ акодтон æмæ Уæлхъæриу балæууыдтæн. — Хъусыс мæм, æлдар? — мæгуыр лæг загъта. Æлдар бафынæй, хуыр-хуырæй хуыссыд. Амæй-фыддæр æлдарæн хъулæттæ-мулæттæ йæ сæр адаста, йе ’хцатæ хæрæгыл авæрдта æмæ Хъобангомы бафардæг. Зæ- биагъы нарæджы фæсвæд хъæдæрдузы йæ хæрæг суагъта, йæхæ- дæг фæндагыл арæг усы бадт скодта. Уалынмæ æлдар дæр сыхъал, æмæ йæ фæдис расырдта. Зæ- биагъмæ куы бахæццæ, уæд йæ разы фæндаггæрон Амæй-фыд- дæр бадт. — Дæ фæндаг раст, — æлдар загъта, — ам хæрæгджын бæлц- цон цæугæ нæ федтай? — Диссаг нæ дæ, — сдзырдта Амæй-фыддæр, — Дæргъæвс иууылдæр хæрæгджынтæ. — Нæ-ннæ, йæ ном Амæй-фыддæр хуыйны, ме ’хца мын раха- ста, æмæ уый сурын. — Æз дæуæй фыддæр никуы федтон, дæ сæр хъулæттæ-му- лæттæ даст. — Мауал мæ хъаз, — æлдар загъта, — мæстджын дæн, иу хæрæг- уаргъ мæ сыгъзæринтæ рахаста иу гæды лæг, æмæ уый сурын. — О-о-о, уый мæнæ фæцæуы, фæлæ дын иувæрсон бæхыл бацæуæн нæй. Дæ бæх мæ цуры уадз æмæ йæ фистæгæй ныр- тæккæ баййафдзынæ. Æлдар йæ бæх Куырттаты гæды лæджы цур ныууагъта æмæ фистæгæй Хъобангомы Амæй-фыддæры асырдта. Амæй-фыддæр æлдары бæх йæ хæрæджы цурмæ скодта æмæ йæ бæласыл бабас- та. Бæхæн йæ къæдзил ралыг кодта æмæ йæ фæндагыл мысты хуынчъы ныффвдар кодта; уалынмæ æлдар фæстæмæ раздæхт æмæ йæм куы разынд, уæд æм гæды лæг хъæр кæны. — Размæл, дæ бæх мын мыстытæ фескъæфынц.Æлдар дæр æрхæццæ æмæ дыууæйæ бæхы къæдзилыл схæцыдысты æмæ йæ фелвæстой. — Уа раст дæ хæдзар, гъеныр дын дæ бæх мыстытæ аскъæф- той, цы ма йын кæнæм! — гæды лæг загъта. Æлдар йæ бæхыл дæр фæхъыг кодта æмæ фистæгæй Хæдзар- ты сахармæ ныллæсыд. Амæй-фыддæр æлдары бæхыл хæрæгуаргъ æхцаимæ Куырт- татæм бафардæг. РУВАС-ХАДЗЫ (Аргъау) Рагæй-æрæгмæ рувасы хинтæн кæрон нæй, гуыбындзуан кæм нæ фестдзæн. Иубон та рувас цæлæнхъæл рагон хъæууаты ра- зил:базил кодта æмæ ахорæнæй дзаг дурыны мидæг ныххаудта: нæ гæды рувасæн йæ царм сау сахуырст, сынты базыры хуызæн. 107
Араст и рувас йæ былтæ сдæргæ æмæ фæцæуы; уæд бæласы цонгæй уасæг рувасмæ дзуры: — Цы кодтай, рувас, цы дыл æрцыд, цæуыл сау скодтай, кæ- дæм цæуыс? — Кæдæм цæуын, мæ лымæн уасæг, уый дын зæгъдзынæн: мæ тæригъæдтыл фæсмон фæкодтон, мæ хуыснæггадыл æвдисæн ба- кодтон æмæ Чабæмæ цæуын мæ удыбæстæ æлхæнынмæ. — Дæ хорзæхæй, — загъта уасæг, — мæн дæр демæ фæкæн, æз дæр мæхи раст нæ хонын. Уасæг бæласæй æртахт æмæ рувасы цур абадт. Рувас йæ мид- былты бахудт æмæ афтæ зæгъы: — Рацу, мæ хур, адæм дзæнæт кувынæй арынц. Араст сты дыууæ ’мбалы. Фæцæуынц æмæ сыл уари сæм- бæлд. — Уæ фæндаг раст. — Дæ хъуыддаг раст. — Кæдæм цæут? — бафарста сæ уари. — Чабæмæ цæуæм, нæ удыбæстæ æлхæнынмæ, не ’взæр ми- тыл фæсмон фæкодтам, ныр та дзæнæт агурæм, — рувас загъта. — Уæ хорзæх Хуыцау раттæд, мæн дæр уемæ акæнут, æз дæр рæстыты æмбал нæ дæн, — уари загъта. — Рацу, мæ хæдзар, дзæнæт кувынæй ссардзынæ. Хуыцау равзæрста кувынæн Чабæ, уым куы бакувай, — дæ тæригъæдтæ барст уыдзысты, — рувас загъта. Араст сты æртæ ’мбалы, фæцæуынц æмæ та сыл дыгоппон цъиу сæмбæлд. — Уæ фæндаг раст. — Дæ хъуыддаг раст. — Кæдæм цæут? — Чабæмæ цæуæм, нæ удыбæстæ æлхæнынмæ. — Уæ х’орзæхæй, мæн дæр уемæ фæкæнут. Æз дæр тæригъæд- джын дæн, — дыгоппон цъиу сдзырдта. — Рацу, мæ хур, Чабæйы куывд дзæнæты фæндаг аразы. Араст сты рувас, уасæг, уари æмæ дыгоппон цъиу. Рувас ра- зæй хъуыдытæгæнгæ йæ лæгæты ’рдæм йæхи ласы, йæ фæстæ йе ’ртæ ’мбалы æмбырдæй цæуынц. Бирæ фæцыд, цъус фæцыд, Хуыцау зоны, йæ лæгæтмæ æрхæццæ æмæ афтæ зæгъы: — Ардыгæй ныр Чабæмæ дард нал у. Бацæут æмæ ацы лæгæ- ты бузныггады ламаз скæнут, уæ тæригъæдтæ мын зæгъут æмæ Чабæмæ бацæудзыстæм. — Рувас йе ’мбæлтты мидæмæ барвыста, йæхæдæг лæгæты дуарыл сбадт æмæ афтæ зæгъы: — Рацу, уасæг, раздæр ды дæ тæригъæдтæ сæргом кæн. Уасæг йæ размæ рацыд, æмæ йын рувас афтæ зæгъы: — Адæмæн иугай устытæ ис дины ’гъдауæй дзырд, дæуæн та дæ устытæн нымæц нæй. Уый дын иу тæригъæд. барст. Фæлæ æмбисæхсæв та цы хъæр кæныс, мæгуыр фæллад лæджы цы хъал 108
кæныс, уый дын Хъуыран нæ хатыр кæны, — йæ къубал ын сыс- къуыдта æмæ йæ йæ разы æрæвæрдта. — Æрцу, уари, ныр ды дæр, дæ тæригъæдтæ зæгъ хуыздæр. Уари дæр та йæм рацыд æмæ йæ рувас фæрсы: — Хъæугæрон мæгуыр идæдз ус йæхицæн карчы цъиутæ куы рауадзы, уæд ын сæ иугай-дыгай цæмæн хæссыс? Уый дын Хъуы- ран нæ хатыр кæны, — йæ къубал ын сыскъуыдта æмæ йæ йæ разы æрæвæрдта. ч — Æрцу, дыгоппон, ды дæр, дæхимæ кæсыс цыдæр, дыккаг сæр дын чи скодта, чи дын радта уыцы бар? Дыгоппон цъиу афтæ зæгъы: — Дæ фыдæхæй фесæфон, Хадзыты Хадзы. Дыккаг сæр мын скодта Солæман-паддзах йæхæдæг, уымæн мын ис æвдисæн æртæ нард хъазы, æртæ нард гогызы æмæ æртæ нард бабызы, фараст æвдисæны кæмдæриддæр зæгъдзысты, кæд дæ фæнды, уæд дæм сæ æркæнон. Рувасæн фырмондагæй йæ комыдæттæ æркалдысты æмæ йæ- хинымæры афтæ зæгъы: «Дыгоппон цъиу мын иу комдзаг дæр нæу, æртæ хъазы, æртæ гогызы, æртæ бабызы —" фараст мын уыдзысты мæйваг», — æмæ дыгоппон цъиуæн афтæ зæгъы: — Цæугæ, де ’вдисæнтæ æркæн, кæд раст разынай, уæд хорз, кæннæуæд додой дæ сæр. Рувас лæгæты фарсмæ йæ сыдзыл абадт, дыгоппон цъиу пæр- рæстытæгæнгæ къуылдымтыл атахт. Рувас æнхъæлмæ кæсын бай- дыдта дыгоппон цъиуы æвдисæнтæм. Дыгоппон цъиу атахт, æмæ арыхъхъы æддейæ фыййау фос хызта йæ фараст куыдзимæ, дыгоппон цъиу куыйты йæ фæдыл сайгæ-сайгæ ракодта æмæ сæ раст рувасы лæгæты цурмæ æркод- та. Куыйтæ рувасы куы федтой, уæд рувасы сæ хъæлæсы ахас- той æрхыты мидæг. Иу ран æй лæбырды бын афсæрстой æмæ йæ тонынц. Уæд æм лæбырды сæрæй дыгоппон дзуры: — Раст дын нæ дзурынц, цы, ме ’вдисæнтæ, мæ лымæн? Рувас æм куыйты бынæй сдзырдта: — Кæд ма фервæзон, уæд дын ацы сайд нæ ферох кæндзы- нæн. Уæдæй нырмæ дыгоппон цъиу æмæ рувас знагæй баззадысты. Бакæсын: Мамытты Стефан «Сывæллæтты чиныг» (1908). 109
ХЪАЙТМАЗТЫ АСЛ/ЕМЫРЗÆ (1866-1925) Хъайтмазты Бечмырзæйы фырт Аслæ- мырзæ райгуырдис 1866 азы Уæллаг Зæ- рæмæджы — Туалгомы. Йæ ныййарджытæ уыдысты мæгуыр хæххон кусæг адæм. Цыппæрдæсаздзыдæй Аслæмырзæ бацыд аргъуаны приходы скъоламæ. Уыдис зæр- дæргъæвд сывæллон. Йæ ахуыр цыди хорз, æмæ йæ æхсæнады хардзæй («Об- щество восстановления православного христианства на Кавказе») арвыстой Гуры ахуыргæнджыты семинармæ (1884 аз). Каст æй фæци тынг хорз бæрæггæнæнтимæ. Семинары фæстæ Аслæмырзæ кусын райдыдта йæ райгуырæн хъæу Зæрæмæджы, фæстæдæр та — Лабæйы, Кæсæджы, Фæс- кавказы. Аслæмырзæ æрыздæхт Ирыстонмæ æмæ йæ царды фæ- стаг азтæ арвыста ам. Хъайтмазты Аслæмырзæ йæ хъус дардта адæмон сфæлдыс- тадмæ. Нарты кадджытæ æмæ адæмон таурæгътæй дæсæй фыл- дæры бæрц ныммыхуыр кодта уырыссаг æвзагыл («Сб. материа- лов для описания местностей и племен Кавказа»). Хъайтмазы-фырты поэтикон сфæлдыстад нæм æххæстæй не ’рхæццæ. Йæ къухфыстытæн сæ фылдæр, куыд дзурынц афтæ- мæй, басыгъдысты, йæ хæдзарыл зынг куы сирвæзт, уæд. Иннæ- ты та, Дзагуырты Гуыбадийы ныхæстæм гæсгæ, автор уæззау рынчынæй йæхæдæг ныскъуыдтæ кодта. Чи ма дзы баззад, уыдон («Сидзæр», «Фæллой», «Хосгæрст») систы хрестоматион. Аслæ- мырзæйы æмдзæвгæтæ сты цардбæллон, арфхъуыдыджын, аива- дон æгъдауæй хæрзхъæд. Йæ хъус дардта тæлмац кæнынмæ дæр. Йæ тæлмацгонд æмдзæвгæ «Дзывылдар» уыдис, ирон æвзагыл фыст æмдзæвгæ- тæй ирон скъолайы фыццагдæр ахуыр кæныны бар лæвæрд кæ- мæн æрцыд, уыдонæй иу. СИДЗÆР Сæныккæн хизæнæй урс æхсыр мондагæй Фесæфт йæ мад. Уасыд, куыдта. Баззади сидзæрæй, Марди æххормагæй, Алы бон тад. Дзидзи куырдта. 110
Уалынмæ базыдта Хизæн, кæрдæг — Цъæх фæзмæ райдыдта Уайын цæрдæг. Бафсæды кæрдæгæй, Бануазы дон, Афтæмæй хъæлдзæгæй, Арвиты бон. ХОСГÆРДÆН Хосдзаутæ зарынц Фæзты цæлхъæй, Кæрдæг фæлдахынц Зæхмæ рæнхъæй. Адæм фæдисæй Кусынц æваст. Кæм кæрдæг уистæй Бамбæрзта карст. — Хосы фæлтæртæ Карсты лæууынц, Кæм та мæкъуылтæ Арвмæ цæуынц. Ам, уым æссивынц, Амайынц хос. Фыййæуттæ хизынц Тауты сæ фос. Цъиусур фæкасти Пыхсмæ дзæвгар, Уæрцц дзы фæтарсти Æмæ фæтар. ФÆЛЛОЙ Нæ цард æвзар лыстæг, Æрхъуыды кæн æнцой, — Уæд алы бон быстæг, Æдзухæй у фæллой. Дæхицæн дон хæссыс, Кæныс, мыййаг, куырой, Йе скъолайы кæсыс, — Цыдæрид у фæллой. Бæллыс, дæ кæрт, хæдзар Зæрдæ хъæлдзæг кæной, Уæд сæ æфснайдæй дар, Æфснайын у фæллой. Кæд уарзыс ды, дæ фос Тыхджын, хæрзхаст куыд уой, Уæд сæ сæрд хиз, кæрд хос, Зымæг сæ зылд — фæллой. Фæнды дæ, — уай æфсæст, Дæ к’ъусы хъаза сой, Дæ, буар рæсугъд, æмбæрзт, Уæд кус, уæд кæн фæллой. Фæнды дæ, — арв, йе зæхх Сæ æцæгтæ зæгъой, Уæд чиныгмæ æздæх, Кæн ахуыр, кæн фæллой. Кæд дæ фæнды, дæ фырт Мæрдтæм кæна дæ кой, Нæ рох кæна дæ цырт, Ныффæдзæхс ын фæллой. Нæ низтæ суры дард, Нæ уд кæны æнцой, Рæсугьд, бæрзонд нæ цард — Фæллой, фæллой, фæллой. 111
ГРЫРДЗЫБЕТЫ БЛАСКА (1868-1905) Гуырдзыбеты Майрансауы фырт Бласка райгуырдис 1868 азы станицæ Ново-Осети- новскæйы (Мусы хъæу). Йæ фыд Майрæмсау уыд уырыссаг æфсады афицер. Павлодольскы райдиан скъола каст фæуыны фæстæ Бласка йæхицæн равзæрста æфсæддон фæндаг. 1889 азы бацыд Сгьараполы юнкерты скъоламæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæци 1893 азы. Цыбыр рæстæгмæ райста подъесаулы (ныры капитаны) цин. Бирæ фæндтæ, бирæ хъуыдытæ уыдис суинаг офицермæ, фæлæ йын сæ хæст нæ бауагъта сæххæст кæнын. 1904 азы Бласка йæхи фæндонæй ацыд Японы хæстмæ. 1905 азы 18 июны фæмард. Йæ мард ын сластой Ирыстонмæ æмæ йæ стыр кадимæ баныгæдтой йæ райгуырæн хъæуы. Гуырдзыбеты Бласка сфæлдыстадон куыст кæнын райдыдта Х1Х-æм æнусы 90-æм азты. Фыста дыгурон диалектыл. Йе ’мдзæв- гæты æмбырдгонд «Дигорон уаджимистæ» хицæн чиныгæй фыц- цаг хатт мыхуыры рацыдис 1902 азы. «Сахи рæсугъд» æмæ коме- ди «Æдули» иу чиныгæй рацыдысты 1903 азы. Æмбырдгонд «Ди- горон уаджимистæ»-мæ хаст æрцыдысты æрмæстдæр ссæдз æмдзæвгæйы æмæ М. Лермонтовы æмдзæвгæ «Тамар» Бласкайы тæлмацгондæй. Сæ идейон мидис, сæ тематикæ, мотивтæ æмæ сæ аивадон миниуджытæм гæсгæ æмдзæвгæтæ сты бынтон алыхуы- зон: мах хъусæм мæгуыр усгуры хъынцъым («Мæгур уосгор»), хæсты быдыры мæлæтдзаг цæф æфсæддоны æртхъирæнтæ («Мæ- лæг æфсæддон»); нæ цæстытыл ауайынц гомриу æмæ сæмпæр- чъи мæгуыр лæг («Мæгургор») æмæ æрыгон фыййау, йæ фосы фæдыл æнæзивæг чи уайы («Фиййау»), уыдоны фæлгонцтæ. Бласка уыдис Къостайы æмдугон. Хæстæг уыдыст$1 се сфæл- дыстадон хъуыдыйæ дæр. Къостайæн цы аргъ кодта, цы стыр уарзондзинад æм дардта, уый ирдæй зыны, йæ номыл ын цы æмдзæвгæ ныффыста («Къо- ста»), уым дæр. Цымыдисаг у Гуырдзыбеты Бласкайы æмдзæвгæ «Мади зар авдæни сæргьи» дæр. Æмдзæвгæ хæстæг у адæмон сфæлдыстадмæ — куыд мидисæй, афтæ формæйæ дæр. Ирдæй дзы зынынц авдæны зарæджы сæйраг нысан (худыны бæсты афынæй у), иннæрдыгæй — адæмы уырнындзинад. Арæхстджынæй пайда кæны поэт фольклоры хъæздыгдзинæд- тæй. Саби мадæн у йæ «дыууæ цæсти», «йæ хор», йæ «зæрди цъеу», йæ «хори тунæ», йæ «уоди гага». 112
МÆГУРГОР Унги губурæй, Фече реу — игон, Рæвдзæ фæндурæй — Цæруй мæгургор. Дуйне — æ бæстæ, Зин цард — æ неун, Лидзæг — æ цæстæ, Æвгъау — æ геун; Рæдау — æ мадзал, Йе знаг — цæлæмбуд; Фæндон — æ адзал Унги æнæ ’нгъуд... Сæрдæ, зумæгæй — Пæлæз æ рагъи, Зæрдæй унгæгæй, Неуй æ уаргъи. Хор æй æ тæфи Ирдгæмæ фицуй. Гъист æй æ суфи Уæнгæлæй хинцуй; Уæддæр еунæгæй, Йиливд, сæригон, Фече, бæгьнæгæй Хæтуй мæгургор. ÆВДЕУ (Скъуддзаг кадæнгæ «Сахи рæсугъд»-сей) Къупури - Æ цæсгом Æ гурæ — Æ закъæ - Æ билтæ - Сæ кæрон Æ тæрних Æ къоппа Æ нихтæ - Æ къæхтæ - æ хъæстæ, - сæмпæл; дорфæрстæ, - хæмпæл... ; - æнцъулдтæ, - къæтæр. —. æмпулдтæ, — цæгæр; къæпетæ, - зулун, , Æскъудтæ — æ къелтæ, Йе ’рфгутæ — лæгун; Арви нæрун — æ дзурд, Æ гъостæ — къæбет, Æ йеу цæстæ — æнцъулд, Æ йиннæ — бæгьет; Æ уолæфт — сун-сун, Медæгмæ — æ реу; Йеугурæй — фудфун... Йе ба дин æвдеу! МАДИ ЗАР АВДÆНИ СÆРГЪИ Булла, булла, мæ дууæ цæсти, Булла, ракæнæ æнцойнæй! Булла, мæ хор, ходуни бæсти, Булла ракæнæ, афонæ ’й! Дæ къæлæтбæл дин ауиндзун Мæ дзиуарæ мæ реуæй, — Ба дæ хездзæнæй дæ медфун Дæ авдæни æвдеуæй! Æндон кард дин дæ бази буни Фæтки гъæдæй æвæрун: Фæхуссай мин æнцон фуни Де ’ригъалмæ æнæрун! 8 Ирон лнгерптурæ сьшæллæттæн Булла, булла, мæ хори тунæ, Булла ракæнæ адгинæй! Булла, булла, мæ зæрди хунæ, Булла ракæнæ адгинæй! Æнцон хуссæ, мæ зæрди цъеу, Уо дæ изæдæн æ йевгет! Хæкъурццитæй дæ мингий реу Мабал калæд æ сор хед! Хуссæ, дæ хуссæг æрхæццæ ’й, — Нæ ми уодзæнæ иронх; Хуссæ, мæ мæтæ дæ хæццæ ’й, О, мæ уод, о, мæ дор-хонх! 113
Булла, булла, мæ мингий дада, Булла ракæнæ дæ уæгæй! Булла, булла, мæ уоди гага, Булла ракæнæ рæуæгæй! Æй мин де ’ригъал сæуæхсед, Дæ бахуст — царди адæ... Цæй, уо дæ йизæдæн æ йевгет, Рун бахуæра дæ мадæ!.. Хор дæ ку ’ртавта æ тунтæй Авдæни сæумæраги, Уæд игъал кæнæ дæ фунтæй Бауарзунмæ дæ мади! Булла, булла, мæ дууæ цæсти, Булла ракæнæ æнцонæй! Булла, мæ хор, ходуни бæсти, Булла ракæнæ, афонæ ’й! ÆМБАЛТЫЦОЦКО (1871-1937) Æмбалты Бицойы фырт Цоцко (Увар) райгуырди Æрыдоны 1871 азы. Йæ фыд уыд хæххон милицæйы прапорщик. Цоцко каст фæци дины скъола æмæ 6а- цыд Æрыдоны дины семинармæ. Ахуырыл æнувыд лæппу тынг зæрдæргъæвдæй ахуыр кодта, фæлæ йæ хæдзары, бинонты зын цар- ды уавæртæ нæ бауагътой семинар кæронмæ фæуын. Дыккаг курсы фæстæ ныууагъта йæ ахуыр æмæ кусын райдыдта ахуыргæнæгæй. Уыцы азты Цоцко базонгæ Къостаимæ дæр, æмæ поэты амæлæты бонмæ фæцардысты хæларæй. Ссæдз азы бæрц фæкуыста Цоцко Ирыстоны хъæуты ирон æвзаджы ахуыргæнæгæй. Уыцы азты аздæхта йе ’ргом адæмон сфæлдыстад ахуыр кæнынмæ дæр. Æрзылд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны хъæутыл, ахæццæ суанг Лабæйы онг. Æмбырд кодта таурæгътæ, кадджытæ, аргъæутгæ, æмбисæндтæ. Мыхуыры сæ уагь- та газеттæ æмæ журналты, цыдысты хицæн чингуытæй. 1924 азы Берлины рауагъта чиныг «Нарты Хæмыцы фырт Батрадзы тау- рæгъ», 1925 азы Дзæуджыхъæуы — «Кананайы аргьау», 1928 азы — «Ирон адæмон сфæлдыстад» (3-аг рауагъд), 1913 азы — «Ирон адæмон аргъæуттæ». Цоцко аргъæуттæ адæмæй хъуыста. Фæлæ уæддæр фидарæй зæгъæн ис: Цоцкойы фыст уацмыстæ сты, уымæн æмæ сæ алы рæнхъы дæр зыны фыссæджы æрмдзæф, йæ литературон курдиат. Цоцко уыд иттæг хорз тæлмацгæнæг. Хицæн чингуытæй, пе- риодикон мыхуыры рацыдысты йæ тæлмацтæ М.Ю. Лермонто- вæй, В.В. Вересаевæй, В.Г. Короленкойæ. Уырыссаг æвзагæй ратæлмац кодта Г.-Х. Андерсены цалдæр аргъауы, уыимæ «Фы- дуынд бабызы цъиу» дæр. 114
Зыдта цалдæр фæсарæйнаг æвзаджы. Ирон æвзагмæ ратæл- мац кодта бирæ фæсарæйнаг фысджыты уацмыстæ. Немыцаг æвза- гæй ратæлмац кодта æмæ Берлины хицæн чиныгæй рауагъта Ф.Шиллеры драмæ «Вильгельм Телль» (1924). Æмбалты Цоцкойы æрцахстой, йе сфæлдыстад йæ тæккæ тæ- мæны куы бацыд, йæ бирæ фæндтæ æмæ хъуыдытæ царды ра- уадзын куы сфæнд кодта, уæд, 1937 азы. БУР ГАЛЫ АРГЪАУ Раджыма-раджы цардысты мæгуыр лæг æмæ мæгуыр ус. Уыдис сын иунæг лæппу. Иу афон ус фæрынчын, æртарф, ба- сидт йæ лæгмæ æмæ дзуры: — Мæ адзал мæм кæсын байдыдта, бирæ цæрæнбон мын нал ис. Фæдзæхсын дын: куы амæлон æмæ ус куы курай, уæд-иу цъæх- дзаст, бурхил æмæ скъуыдчъил ус ма ракур; стæй дын мæнæ дза- быр, ай та дын къухдарæн. Дзабыр кæй къахæн нæ бæзза, къухда- рæн кæй æнгуылдзыл нæ цæуа, уый дæр-иу ма ракур. Цал боны ма ахаста рынчын, чи зоны, фæлæ иу бон амард æмæ йæ баныгæдтой. Сидзæр лæппу æмæ хæдзары арæзтыл фæ- зынди усы амард: хæдзар æфснайæг нал уыди, сидзæр лæппуйы та — рæвдауæг. Цæрынц, цæрынц фыд æмæ фырт, æмæ дзуры иу ахæм мæгуыр лæг: — Цон æмæ искуы ус ракурон, намæ æнæ хæдзар кæнын æнæ æфсинæй. Араст усгур, иу хъæуы куыд фæцæйцыд, афтæ сæмбæлдысты иу усимæ. Ус æй фæрсы: — Кæдæм цæуыс? — Ус курынмæ. — Мæнæ дын ус! — Æмæ мын мæ ус афтæ нæ загъта. — Куыд дын загъта? — Цъæхдзаст, бурхил æмæ скъуыдчъил ма ракур; стæй мæнæ ацы дзабыр æмæ къухдарæн кæмæн нæ бæззой, уый дæр мын ракурæн нæй мæ усы фæдзæхстæй. Ус фæцыдæр: æндæр хуызæттæ йæхи ацарæзта: цæстытæ, сæры хил ацахуырста, къахы скъуыдтæ рацамадта, ралæгъзытæ сæ кодта, къухтæм дæр базылд, сæрдæны хъæстæ сæ фæкодта. Уыцы хуызы та мæгуыр лæджы разы фестад. — Кæдæм цæуыс? — Ус курынмæ. — Мæнæ дын æз ус. — Кæсын æмæ дын дæ уындмæ ницы дау хæссын, фæлæ ма дын кæд мæнæ ацы дзабыр æмæ къухдарæн бабæззой, уæд нæ хъуыддаг рæвдз у. 115
Дзабыр дæр, къухдарæн дæр амалтæй сбæззын кодта йæхи- цæн фыдæбойнаджы ус. Уый фæдыл усы рахуыдта лæг йæ хæдзармæ æмæ цæрынтæ байдайынц. Цæйбæрц ацардаиккой, уый уын дунейы фарн дæр нæ зæгъдзæн, фæлæ фыды ус сидзæр лæппуйæ йæ удхæссæг федта, уæнгæлмæ куыд кæсай, афтæ йæм касти. Иу ахæм ус баздæхт æмæ рынчын æфсон скодта йæхи. Нал стади хуыссæнæй — нæты, хъæрзы. Уæд дын иу хатт куы уыди, уæд дын фæныфсджын кодта йæхи, фæкъæйных æмæ дзуры: — Нал мын ис фервæзæн, дæ лæппуйы игæрæй физонæг куы нæ бахæрон, уæд. Ницы ком лæвæрдта лæг усæн иу къорд хæттыты. Æппынфæ- стаг йæ сæрæн нал уыд йæ усæй æмæ тасын байдыдта. Æндæр хуыздæр амал ын, æвæдза, нал ис йæ фыдсылæй, афтæ сфæнд кодта йæ лæппуйыл. Сæ кæрты сигæц уыди, уыцы сигæцыл фыд, йæ цæссыг згъал- гæйæ, сæ къулгард цыргъ кæны. Лæппу бакаст фыдмæ, федта, уый йæ цæссыг сигæцыл куыд калы æмæ йыл къулгард куыд цыргъ кæны. — Цы ми кæныс, дада? — Ахсæв нæ бур гал æргæвдæм. Хорзау нал фæци лæппу — бирæ уарзта сæ бур галы, зилгæ дæр æм зæрдиагæй кодта, йæ къæбæртæ йын æнæвгъау лæвæрд- та, бон-иу æй æртæ хатты донæй æфсæста. — Уæдæ ма йын дон куы авæрин, — загъта лæппу æмæ бур галы дондæттæны балæууын кодта. Гал дон анозта. Лæппу ма йæм хаты: — Баназ, баназ, бур гал, бецау, ахсæв дæ дада æргæвдгæ кæны. Баназ ахъаззаг, — æмæ лæппу ныккæуы. Уæд дын æм бур гал дзуры: — Мæн куы ’ргæвдид дæ дада, уæд уый афтæ æбуалгъ нæ уаид: æз æргæвдынæн дæн, фæлæ дæ дада æмæ дæ нана дæу æргæвдынц ахсæв. Баздæхæм æмæ лидзæм, намæ дæ хъуыддаг иууыл хæрзтæй нæу. Æрбабад мæнæ мæ сыкъаты ’хсæн. Сидзæр лæппу сбадт бур галы сыкъаты ’хсæн æмæ лидзын байдыдтой дондарæнæй. Цæйбæрц фæлыгъдаиккой, чи зоны, фæлæ сидзæр лæппуйы бур гал дард кæмдæр Ебыры бур мæ- сыгмæ фæхаста. Уыцы ран æрынцадысты. Æхсæвиуат дзы æркод- той. Райсомæй бур гал дзуры: — Лæппу, мæнæ мæ сыкъа сис, уыцы ран дын алы хæринаг, алы нуазинаг; уыдонæй дæхицæн бафснай бур мæсыджы. Ай дын мæнæ ноджы зарыны уадындз æмæ кæуыны уадындз; зарыны уадындзæй-иу уас. Æз цæуын мæ æммадæлон æфсымæрмæ хæх- бæстæм хизынмæ. Кæмдæриддæр уон, дæ зард мæм хъуысдзæн, æнцаД мæхицæн хиздзынæн, мæ зæрдæ дæм не ’хсайдзæн æмæ нард кæндзынæн. Истæмæй, мыййаг, куы тыхсай, уæд та-иу кæ- уыны уадындзæй ныууас æмæ дæ цуры фестдзынæн. Куы нæ 116
уасай, уæд дæм мæ зæрдæ æхсайдзæн, мæ цард мын ад нал кæн- дзæн. Афардæг гал йæ æммадæлонмæ. Лæппу Ебыры бур мæсыджы æрцард. Цæры æмæ хæры, зарыны уадындзæй уасы. Æмæ дзы уасгæ дæр афтæ нæ кодта, нæ, æмæ йæм уæле стъалытæ хъуыс- той, дæле — сур зæхх. Ноджы йæм æгас дуне дæр уыдысты хъу- сæг. Æндæр дис нал уыд Ебыры бур мæсыджы сæр сидзæр лæп- пуйы уасты дисы йеддæмæ. Ебыры бур мæсыгмæ хæстæг иу æлдар царди. Æлдарæн бирæ адæм уыди йæ къухы, коммæгæс, уисæнгæнаг. Фæлæ, куыддæр Ебыры бур мæсыджы сæрæй сидзæр лæппу уасын систа йæ за- рæн уадындзæй, афтæ-иу йæ адæм уисæн нал кодтой, йæ коммæ нал кастысты. •■ Æмæ загъта æлдар: — Уыцы фыдбылызы лæппуйы мын удæгасæй мæ къухы чи бафтын кæна, уымæн бирæ фæллой ратдзынæн. Къулыбадæг ус загъта: — Æлдар, æлдар, дæ хорзæхæй, дæ фарныстæн: æз дын æй дæ хай бакæндзынæн. Æртæ чъирийы, ронджы дурын æмæ сæныкк айста къулыба- дæг ус æмæ Ебыры бур мæсыджы бын æрынцад. Лæппу куы ныууасыд, уæд къулыбадæг ус кард фелвæста æмæ дзы сæныч- чы куы иу ран, куы иннæ ран фæрæхойы. Сæныкк нырдиаг кæны уынгæг хъæлæсæй, ныууасы. Сидзæр лæппу фосуарзаг, фосæн тæригъæдгæнаг, Ебыры мæсыгæй æркæсы, уæдæ уый цавæр уа, зæгъгæ. Кæсы, æмæ иу зæронд ус, кард йæ къухы æмæ дзы мæгуыр сæныччы барæхойы: сæныкк ныууасы, йæ гæндзæхтæ бацæгъды. — Уæ, цы ми кæныс, цæмæн æй удхарæй марыс? — дзуры лæппу усмæ. — Бур мæсыджы бынмæ мын куывд амынд ис æмæ мæнæ мæ сæныкк æргæвдын. — Æмæ ма исчи афтæ фергæвды? — Уæдæ куыд? — Кардæй йын йæ хурх аргæвд. Ус та сæныччы фарс барæхуыста. Лæппу уæд нал фæлæууыд сæныччы тæригъæдмæ, рахызт Ебыры бур мæсыгæй. Къулыбадæг усæй кард райста æмæ дзы сæныччы æрбакусарт кодта, физонджытæ дзы акодта. Куы акуыв- та къулыбадæг ус кувинæгтæ: чъиритæ, физонæг æмæ ронджы дурын, уæд ахордтой, анозтой. Æмæ ус дзуры: — Уæ дæ нывонд æрбауон, уæ дæ сæрыл хаст фæуон, цæй дзæ- бæх лæппу дæ, дæ ныййарæг сыгъзæрин талатæ суадза. Мæнæ уал мæ уæрагыл æркъул кæн æмæ иучысыл афынæй уай. Лæппу йæ сæр усы уæрагыл æрæвæрдта æмæ афынæй. Къу- лыбадæг ус æлдарæн фехъусын кодта. 117
Æлдар йæ адæмы рарвыста, лæппуйы аластой, æлдармæ йæ бахуыдтой. Уый йæ авд дуары фæстæ иу уатмæ бакæнын кодта, стæй йыл авд дуары сæхгæнын кодта. Адæмы хъæр, адæмы ныхас нал хъуысы лæппумæ... Йæ за- рæн кæнæ йæ кæуæн уадындз æй куы уаиккой. Фæлæ йын уыдон та уыдысты Ебыры бур мæсыджы сæр. Цымæ бур гал афонмæ цы фæуыдаид? Мæстæй йыл фыд нал æрхæцдзæн. Уæд йæ сæрты халон ратæхы. — Уæ дæ хорзæхæй, халон, Ебыры мæсыгæй мын мæ кæуыны уадындз æрбахæсс, зарыны уадындз дæхицæн ныууадз. Мадæн дæр дæу зондзынæн, фыдæн дæр дæу. — Уæдæ мын цы кæнай: фаджыстыл бабадын мæ никуы 6а- уагътай, уæд та-иу мæ дурæй кæнæ дæ фатæй фехстай. Халон стахт æмæ кæмдæр фæаууон. Уæд та дын зæрватыкк ратахт йæ сæрты. — Дæ хорзæхæй, зæрватыкк: Ебыры мæсыгæй мын мæ кæуы- ны уадындз æрбахæсс, зарыны уадындз дæу фæуæд. Мадæн дæр мын ды уыдзынæ, фыдæн дæр. — Уæ, бецау лæппу, бæгуыдæр дын сæ æрбахæсдзынæн. Уæлы- гæсæй-иу хæхбæсты дæ уæркоты куы хызтай, уыцы ран-иу куы хъазыдтæ, æмæ дын-иу æз дæ худыл куы сбадтæн, цъыбар-цъы- бур кæнын-иу куы байдыдтон, уæд мын-иу ды «уыссиу» куы никуы загътай.Зæрватыкк дын уадидæгæн Ебыры бур мæсыгæй зарыны уадындз дæр æмæ кæуыны уадындз дæр æрбахæццæ кодта æмæ сæ лæппумæ хуынкъæй ныллæвæрдта. Æмæ уæд сидзæр лæппу ныууасыд кæуыны уадындзæй. Ныу- уасыд, уæдæ куыд уыдаид. Æлдары адæм стырæй, чысылæй куы фехъуыстой, уæд афтæ æрæнкъард сты, цыма сæ фæйнæ амард. Лæппуйы тæригъæдæй къæдзæх хæлди. Галы хъустыл æрцыди кæуыны уадындзы уасын. Æрцыд, уæдæ æндæр куыд уыдаид, æмæ уайынтæ сисы, уайынтæ. Æлдары хъæу- мæ фæдисæй фæуад æмæ... дуæрттæ сæтгæ, дуæрттæ сæтгæ. Æхсæз дуары дзы ныммур кодта, æвдæм дуар басаста, фæлæ æфсæн дуарæй схъис фæхауд, галы сæры фæныхст, æмæ бур гал лæппуйы цур мардæй æрхауд. Лæппу хъарджытæ кæнын байдыдта. Кæуыны уадындз райсы æмæ дзы зæрдæуынгæгæй ныууасы. Куы дзы ныууасы, уæд æгас дуне уый тæригъæдæй сау хъулон афæлдæхы... Суанг стъалытæ æмæ мæй дæр, ирддзæсгом хур афтæ стых- сынц, æмæ ирддзæсгом хур басиды халонмæ æмæ йын дзуры: — Тæхгæ æмæ базон, уый цавæр фыдзамана у, йæ тæригъæ- дæй дур куы скъуыйы. Халон ратахт, ратахт æмæ кæмдæр фаджысы рагъыл æрбадт. Халон фæстæмæ куы нæ зынд, уæд æй хур ралгъыста: — Дæ уынд — уæнгæл, дæ уаст — æнад адæмы зæрдæтæн. Стæй æрбасидт зæрватыкмæ: 118
— Цæугæ æмæ базон, ахæм æнахуыр зæрдæхалæн маст чи кæны æмæ уæд цæй фæдыл? Зæрватыкк йæхи уæларвæй рауадзы æмæ лæппумæ балæууы: — Хуры фæнды базонын: цæмæн афтæ æнкъард уаст кæныс? — Мадæн дæр, фыдæн дæр зыдтон мæнæ ацы бур галы. Æлдар мæ ацы ран æндарæны куы бакодта, уæд хъуыддаг бамбæрста мæ хъахъхъæнæг бур гал, фæдисы фæуад мæн фервæзынмæ. Авд дуары басаста, æвдæм дуарæй схъис бауад йæ сæры, йæ гæн- дзæхтæ бацагъта, ’мæ ацы ран мæ разы фæмард. Кæуын, дзына- зын уый фæдыл.Зæрватыкк уæларвмæ фæтахт, ирддзæсгом ху- рæн радзырдта лæппу æмæ бур галы хъуыддаг. Хур дзуры зæрватыккæн: — Дæ бырынкъ -байгом кæн, æз дын дзы удæгасгæнæн тых бауадзон, æмæ фæстæмæ тæхгæ, галы сæрæй æфсæн схъис раф- тауæд лæппу æмæ-иу дзы уыцы тых бафу кæн, уæд бур гал рай- гас уыдзæнис. Зæрватыкк удхос йæ бырынчъы æрхаста лæппумæ. Лæппу бур галы сæрæй æфсæн схъис рафтыдта, зæрватыкк та сæры хъæдгомы удхос баулæфыд, æмæ бур гал райгас. Райгас, уæдæ куыд уыдаид, æмæ лæппуйы йæ дыууæ сыкъайы æхсæн сбадын кодта, стæй йæ Ебыры бур мæсыджы сæр æд уадындзтæ сæвæр- дта, йæхæдæг та баздæхт æмæ йе ’ммадæлонмæ афардæг хæхбæ- стæм хизынмæ. Лæппу цæргæйæ баззад Ебыры бур мæсыджы сæр. Æмæ уыцы ран зарæн уадындзæй уасын куы байдайы, уæд бур гал æнцад фæхизы æмæ йæ цармы дзаг свæййы, адæм дæр æм хъусынтæм фæвæййынц, схъæлдзæг вæййынц. Кæуыны уадындзæй куы ныууасы, уæд бур гал фыд нал февæ- ры, адæм сагъæсы бацæуынц, сæ бонтæ тыхстæй æрвитынц. Уыдонæй цы нæ федтат, рын, сонæй дæр æндæр мацы фенут, мæ хуры чысылтæ. ХИУАРЗОНЛÆГ ...Уыди иу хорз лæг, хиуарзаг, æгас дунейыл дæр уæле куыд уыдаид, ууыл чи куыста, ахæм. Уый кодта афтæ: æвæдза-иу ис- куы фехъуыста искæй хорзы кой, искæмæй-иу, æвæдза, райхъуыст хорзы кой, уæд-иу сбæрæг кодта уыцы хорз лæджы. Фæцыди- иу лæгмæ æмæ йын-иу радзырдта: — Иу ран зонын тынг бирæ фос, цом мемæ балцы æмæ сæ нæхи бакæнæм; нæ дыууæ дæр цæмæй цæрæм нæ адзалы бонмæ, уый фаг нын уыдзысты. Æрмæст дын фæдзæхсын: нæ дыууæйæ дарддæр ацы хабар куыд ничи базона, афтæ. Балцы-иу араст кодтой дыууæ лæджы. Цæуынтæ-иу байдыд- той, цæуынтæ. Денджызы былмæ æввахс-иу хиуарзаг хорз лæг дзырдта йæ æмбалмæ: — Тас ран у ацы ран, исты фыдбылыз ныл æрцæудзæн, ам 119
æхсæвиуат куы ’ркæнæм, уæд. Фæлæ дæлæ денджызы былыл уыныс къох? Раст уый фарсмæ бæрзонд хъамыл, æххæст цом уырдæм, уым бахсæвиуат кæндзыстæм. Хъамылмæ-иу нæма бахæццæ сты, афтæ хъамылæй фыр ралыгъ- ди, хиуарзаг лæг бæхæй алиуырдта, фыры-иу рацахста, кард ын-иу йæ къубалыл æрбавæрдта. Денджызы был-иу æрынцадысты, арт- иу бандзæрстой, стæй-иу хиуарзаг адæймаг загъта йе ’мбалæн: — Дæхи уал æруадз æмæ дæ фæллад ссæуа, æз та нæхицæн хæринаджы кой бакæнон. Куыддæр-иу, æвæдза, лæгафынæй, афтæ-иу æй уыцы ран амардта, денджызы-иу æй баппæрста, йæ дарæстæ, йæ хæцæн- гæрзтæ йын-иу систа, йæ бæх ын-иу раласта, афтæмæй-иу хорз лæджы кой фесæфт. Иуахæмы, адæм хорз кæмæй загътой, ахæм лæг æрхаста йæ æфсымæрæн ус. Чындзæхсæв скодта, æмæ дзы адæм сæхи хъæл- дзæг кодтой, минасыл бадтысты. Хиуарзаг хорз лæг балæууыд, чындзæхсæв цы хæдзары уыди, уый дуармæ. . Хæдзары хицау загъта, уазæджы мидæмæ цæмæй æрбакæной. Уазæг не ’рбацыд. Уæд хæдзары хицау фестад фынгæй, уазæгмæ рацыди, æгас цæуай йын зæгъы. Уазæг æм хибармæ асидт æмæ йын дзуры: — Дæ ном, дæ хорзы кой дардмæ айхъуысти, æхсызгон мын у дæ хорздзинад. Ноджы дын мæ цæст уарзы алцыппæт дзæбæх- дзинæдтæ. Мæ цыды сæр дæм цæмæн уыди, уый дын цыбырæй зæгъдзынæн. Æрмæст дын хъусын кæнын, куыд ничи йæ базона, афтæ. Иу ран ис тынг бирæ фос, тынг æнцонæй къухы бафтдзы- сты, цом балцы мемæ æмæ цæмæй цæрой нæ фæстагæттæ, уый бæрц дæр уыдзысты. Хæдзары хицау йæхи барæвдзытæ кодта æмæ араст кодтой балцы. Бахæццæ сты иу ранмæ. Уыцы ран хиуарзаг хорз лæг амоны йе ’мбалæн: — Кæсыс дæлæ уыцы къохмæ, уый фарсмæ бæрзонд хъамыл, цом уым æхсæвиуат æркæнæм, намæ ацы ран стыр тас у тыхгæн- джытæй. Хъамылмæ нæма бахæццæ сты, афтæ дзы иу фыр ралыгъди. Хиуарзаг хорз лæг йæ бæхæй агæпп кодта, йе ’мбалы æвджид æй акодта, йæхæдæг фыры рацахста æмæ йæ æрбаргæвста. Денджы- зы был æрынцадысты, арт бандзæрстой æмæ сæхицæн æхсæвæр фыцынц. Уалынмæ хиуарзаг лæг дзуры: — Дæ фæллад уал суадз, цалынмæ нæ хæринаг цæттæ кæна, уалынмæ. Куыддæр лæг афынæй, афтæ йæ, дæ балгъитæг уыйау, æрбамардта, денджызы йæ баппæрста, йæхæдæг ын, цы йæм уыди, уыдрн рахаста æмæ йæ хæдзармæ сфардæг. Нал зыны хорз лæг, сагъæсыл сысты йæ бинонтæ, æрдиаг кæнын байдыдта йæ мад: — Нæ хæдзары хуыздæр нал зыны æмæ йæ нæй бабæрæггæ- 120
нæг; адæм дзы ард хордтой, ныр мард у, æгас у, уый чи сбæрæг кæна, иу ахæм гуырд нæ хæдзары нал ис: худинаг, æрдиаг! Ног усджын, хорз лæджы æфсымæр, бирæ фæхъуыста йæ мады хъарджытæм, сагъæстæм, стæй фæстагмæ бацыд йæ мады размæ æмæ дзуры: — Ме ’фсымæр цы фæци, уый куы нæ сбæрæг кæнон, уæд нæ уыдзæн. Нана, баздæх æмæ хæрынæн адджын, хæссынæн рог, ахæм хæринæгтæ мын ракæн, æз цæуын агурынмæ. Уыцы рацу-бацу, уыцы зылд, уыцы фарст фæкодта, фæлæ ницы бафтыд йæ къухы: иу уынæг нæ фæци уымæн йе ’фсымæ- ры. Зæрдæсастæй, уæнтæхъил, сæргуыбырæй æрцæйыздæхт фæстæмæ йæ хæдзармæ. Сæ хъæугæрон уæлмæрдтæм æрхæццæ изæрдалынгты, афтæ сагъæстыл сси: — Ацы хуызæнæй куы бацæуон, уæд æнхъæлдзысты æмæ ме ’фсымæр фæзынди æмæ сæ зæрдæ бацин кæндзæн дзæгъæлы. Фæл- тау ахсæв ам бахуыссон æмæ райсом бонрухсмæ мæ цæсгомы хуыз- мæ бамбардзысты, хъуыддаг æцæгæй дæр цæуыл лæууы, уый! Иу обауыл йæхи æруагъта æмæ йæ цæстытæ куыддæр кæрæ- дзиуыл авæрдта, афтæ афынæй. Уалынмæ йæм фыны хъуысы — обауы ныгæд чи уыди, уымæ дзырдæуы: — Дæумæ кæсынц, рацу! — Уазæг мæм ис, уазæг! — Уазæджы дæр ракæн демæ! Араст кодтой æмæ иу ранмæ бацыдысты. Уыцы ран адæм ды- вæлдахæй бадынц. Кæсы, æмæ дзы йе ’фсымæр дæр дæлиауго- мау бады æнкъардæй, йæ разы хæринаг нæй. Куы сыстадысты фынгæй, уæд æм йæхи æрбаласта йе ’фсымæр, хибардæр сæхи айстой, æмæ йæм дзуры: — Ды дæ мæрдтыбæсты, ды рацыдтæ мæн агурæг æмæ дæ къухы ницы бафтыд æмæ æфтгæ дæр куыд бакодтаид. Кастæ фынгмæ, уыдон иууылдæр амардта иу лæг, æз дæр уый къухæй бацыдтæн мæрдтæм. Хорз лæджы мыггаг никуыуал ныууагъта, цагъд сæ фæци. Сымах нæма зонут, æз мард дæн æви æгас, уый. Уымæ гæсгæ мын фæлдисинагæй дæр ницыма скодтат. Фæлæ мын мæ мардыкæнд куы скæнат, уæд афтæ дæлиау нал баддзы- нæн, уæд æртыккаг бынат уыдзæн мæн. Маргæ та мæ акодта стыр хъазуат лæг. Хъуыды-ма кæндзынæ, дæ чындзæхсæвы нæм иу уазæг æрбадзырдта, куывдмæ не ’рбацыд; асидти æмæ мын аивæй радзырдта, иу ран бирæ фос кæй зоны, фос æнцонвадатæй кæй бафтдзысты къухы. Стыр фыдбылызы адæймаг у, мæ туг исын дзы куы сфæнд кæнай, уæд ын исты амал скæнын хъæуы фæндонæй, намæ амардзæн дæу дæр. Балцы асайы адæймаджы фæндæй, денджызы былмæ скæны йæ фæндаг. Денджызмæ ма дзæвгар хъæудзæн бауайын, афтæ дзы сзыны къох, къохы фарсмæ бæрзонд хъамыл. Хъамылæй ралидзы фыр, рацахсы æмæ йæ æрбаргæвды. Фæлæ ды афтæ бакæн, æмæ фыры аргæвдын дæ къухы цæмæй бафта, уый, уæд ын дæ бон исты бауыдзæн. 121
Сбон и. Æфсымæр йæ хæдзармæ бацыд. Йæ хæстæг, йæ æввахс æрæмбырд сты, æмæ сын йе ’фсымæры мард загъта. Марды кæнд фæкодтой, куыд æмбæлд, афтæ. Стæй æфсы- мæр басидт йæ бинонтæм æмæ сын дзуры: — Æз цæуын ме ’фсымæры туг исынмæ. Уæ зæрдыл дарут, афой- надыл куы нæ зынон, уæд уый зонут, æмæ æз дæр æгас нал дæн. Мæ марæг та уыдзæн, мæ чындзæхсæвы нæм цы уазæг æрбацыди, уый, ме ’фсымæры марæг дæр уый у. Уымæй-иу агурут уæ туг. Хиуарзаг лæджы дуармæ æрынцади тугагур. — Балцы ахæтæм, — дзуры йæм тугагур, — куыд хъусын, уымæ гæсгæ дæуæй хæтæг адæймагдæр а бæсты нæй. — Æз мæхæдæг агурын ахæмты, балцы кæимæ рахæтон. Фæцæуынц балцы; иу ран хиуарзаг хорз лæг ехсы хъæд систа æмæ амоны йе ’мбалæн: — Кæсыс дæлæ уыцы къохмæ, уый фарсмæ хъамыл, уыцы ран æрынцайдзыстæм ахсæв, намæ ам тас у. Хъамылмæ — сæ бахæццæ, афтæ та фыр ралиуырдта хъамы- лæй æмæ фæлидзы. Тугагурæг ай-уый нал, фæлæ фырыл йæхи ныццавта æмæ йæ æрбаргæвста. Денджызы былыл æрбынат код- той, арт скодтой æмæ æхсæвæры кой кæнынц. Уалынмæ та хи- уарзаг лæг дзуры тугагурæгмæ: — Æруадз дæхи, дæ фæллад уал суадз, цалынмæ хæринаг фыца, уалынмæ. — Хуыссæг мæ нæ ахсы, æрхуысс уал дæхæдæг, хæринаг мæ бар фæуæд, æз æй бацæттæ кæндзынæн. Æруагъта хиуарзаг лæг йæхи, æрфынæй, йæ хъæлæсæй æхси- дæн арт кæлы, куынцгомæй куыд фæкæлы, афтæ. Уæд тугисæг дамбаца систа æмæ кувы: — Хуыцæутты Хуыцау, уæдæ кæд ацы адæймаг ме ’фсымæры марæг нæ уыди, уæд мæ дамбаца ма схæцæд, намæ арвы гæрах фæкæнæд. Дамбаца æруагъта, æмæ дыууæ æрфыджы астæу нæмыг суа- ди, йæхæдæг лидзæг фæци. Лæг ма хъæлæкк фестади, топп ма бæргæ фехста, фæлæ ницыуал: уæлæнгæйтты ма уæгъд фыды ауад йæ нæмыг. Тугисæг йе знаджы денджызы ауагъта, цы йæм уыди, уыдон ын райста æмæ араст и йæ хæдзармæ. Æрбахæццæ уæлмæрдмæ. Æхсæвиуат æркодта. Уалынмæ та йæ фыны хъусы ныхас, цы обауыл æрхуыссыд, уый мардмæ дзыр- Д<æуыд: — Дæумæ кæсынц, рацу. — Уазæг мæм ис, — сдзырдæуыд обауæй. — Уазæджы дæр рахон демæ. Араст кодтой æмæ та иу хæдзармæ бацыдысты, хæдзары æмбырд. Кæсы, æмæ фынгыл йе ’фсымæр куыд загъта, афтæ æртыккаг бынат æрцахста, хæрдæй, нозтæй алцæмæй дæр æххæст. Бацин кодта мард йе ’фсымæрыл æмæ йын дзуры: 122
— Марды кæнд мын кæй скодтай, уый мыл фæбæрæг, куыд уыныс, уымæ гæсгæ. Стæй мæ туг кæй райстай, уый дæр мæрдты бæсты базыдтам мах. Кæсыс дæлæ фæсдуар уыцы лæгмæ, уый уыди, ацы ран цы адæм ис, уыдонæн сæ марæг. Марæг та лæууы фæсдуар, йæ дыууæ къухæй æнцой кæны ихын лæдзæгыл æмæ йын йæ сæр цъиры. Йæ сæрыл тæдзы дон æмæ йыл их кæны. — Ацы ран фиды уый зындзинад: кæй фæмардта, уыдонæй алкæй тыххæй дæр хъуамæ фæфыдæбон кæна бæрæг афон, уый фæстæ йын уыдзæни тæрхон, фæлæ уал дын тæрхоны агъоммæ гъе уый йæ хъуыддаг. Бон æрбарухс. Бæлццон æрыхъал æмæ йæ хæдзармæ араст. Радзырдта бинонтæн йе ’фсымæры хабæрттæ, æмæ уыдон сæ риуы æмбæрц сулæфыдысты. МАГУСАТÆ Æлдар æмæ фæрсаг лæг араст сты балцы. Фæндагыл фæрсаг лæгæн йæ бæх ныззади. Æлдар дын афтæ: — Байраг мæн у, мæ бæх æй ныззади. — Хуыцауæй куыннæ тæрсыс? Искуы ма уый æрцыди æмæ дын нæл бæх та ма байраг ныззайа?! — Байраг мæн у, уый дын зайа æмæ нæ зайа! — загъта æлдар. Йæ хъаст бахаста фæрсаг лæг тæрхоны лæгмæ. Тæрхоны лæг йæ хæдзары нæ разынд, фæлæ сæм рацыди йæ чызг. Фæрсаг лæг чызгæн ракодта йæ хъаст, йæ маст æмæ йæ фæрсы: — Уæдæ кæдæм ацыдаид дæ фыд æмæ тагъд æрбаздæхдзæн? — Мæ фыд, — загъта чызг, — ацыди уæлхох быдырмæ. Нæ мæнæутæм нын денджызæй кæфтæ фæцагъуыдысты æмæ сæ бай- сæфтой. Хъахъхъæнынмæ ацыд мæ фыд нæ мæнæуты. — Дæ уынд æмæ конды фæхъхъау æрбауай, мæнæ чызг! Ис- куы ма уый æрцыд æмæ кæфтæ денджызæй уæлхох быдырмæ цæуой мæнæу хæрынмæ?! — Æлдар цæра, мæ дзырд дæм афтæ диссаг, афтæ æнæууылд дзырд ма фæзынæд, — загъта чызг. — Кæд æмæ нæл бæхтæ бай- рæгтæ зайын байдыдтой, уæд кæфтæн денджызæй уæлхох бы- дырмæ цæуын цас диссаг хоныс? Æлдар фефсæрмы, радта байраг фæрсаг лæгæн æмæ араст код- той сæ фæндагыл. Тæрхоны лæг фæзынди йæ хæдзармæ, фæрсы чызджы: — Мыййаг мæ исчи агуырдта? Чызг ын радзырдта æлдар æмæ фæрсаг лæджы хъуыддаг, тæрхоны кой дæр ын ракодта. — Дæ тæрхонмæ дау ничи æрхæсдзæн: раст тæрхон у. Фæлæ æлдар æмæ фæрсаг лæджы раз фæкъæмдзæстыг кодтай, баф- хæрдтай дæ фыды. — Баба мын цæра, æмæ уæд куыд æгъдауæй? - бафарста йæ чызг. 123
— Дæ фыды хуымгæсæй хуыздæр цы схуыдтаис, уый не ’рцах- ста дæ зонд. Нæ дын æй бахатыр кæндзынæн адзалы бонмæ дæр, стæй дын цы æмбæла, уый кæнгæ дæр бакæндзынæн. Тæрхоны лæг æрбасидт адæммæ æмæ тæрхоныл æрбадт йæ чызгæн. — Мæ чызг йæ фыды кæй рафаудта, хуымгæс æй кæй скодта, уый тыххæй йын кæнын ахæм тæрхон: дунейыл æвзæрдæр чи разына, уымæ чындзы куыд фæцæуа, афтæ. Иу къорд лæджы уæ сæ бæхтыл сбадæнт æмæ, дунейыл æвзæрдæр чи разына, уый мæм ардæм æрбахонут. Сæ бæхтыл сбадтысты иу къордæй. Цæуынтæ байдыдтой, цæ- уынтæ, æвзæры агурæг. Чысыл кæм федтаиккой æгуыдзæг, æнæсæ- рæн адæм нæ дунейыл, фæлæ цы хуызæн агуырдтой, ахæмыл нæма æмбæлынц. Уалынмæ иу ранмæ бацыдысты. Кæсынц, æмæ иу лæг фæткъуы бæласы бын комхæлиуæй уæлгоммæ хуыссы. Бæласы къа- лиутæ æлæмау æртасыдысты фыр задæй, рæгъæд фæткъуытæ згьæ- лынц зæхмæ. Лæг уыцы хуыстæй хуыссы, кæсы æнхъæлмæ, кæд æмæ рæгъæд фæткъуы æрхауид йæ дзыхмæ, хаггæй-хатт сдзуры: — Мæлын сыдæй! ■« ’ Барджытæ æрынцадысты йæ цуры, кæсынц æм æмæ йæм дзу- рынц: ; — Рæгъæд фæткъуытæ дæ алыварс, дæ къух фезмæлын кæн, рауидз дзы æмæ бафсад дæхи. — Уæ хъал мыл куы нæ каликкат, мæгуыр лæг уæ хуымы кæрæтты дæр никуы ауад, æвæццæгæн, — загъта лæг, — æмæ мын уыцы зын уæ цæст цæмæн уарзы — кæд æмæ иу фæткъуы æрхауид мæ дзыхмæ. — Ай, кæй агурæм, ахæм разынди, куыд æм кæсæм, афтæмæй, — загътой барджытæ, хорз ыл æрцыдысты сæ ехсытæй æмæ йæ ракодтой семæ. Цæуынц æмæ та бахæццæ сты доны былмæ. Дон фæсаджил, æмæ саджилы сакъадахыл хуыссы лæг. Йæ алыварс дон, афтæ- мæй хъæр кæны: — Дойныйæ мæлын! Дисыл дис чындæуы! Барджытæ фæдис кодтой. Хæстæг æм бацыдысты, æмæ лæгмæ низæй æрду бæрц дæр нæй. — Дæ хуыздæры ма фенай, цы лæг дæ! Дон дæ алыварс бæстæ ласы, ды та «дон, дон!» кæныс! Уæлæмæ сыст æмæ дзы баназ. — Æмæ мын чи сты уæлæмæ, уый та кæй бон у. Ныууадзут мæ мæ мæгуырыл. Айсут уæхи. — Ай дын дыккаг æвзæр, — загътой барджытæ. Фестын æй кодтой ехсытæй æмæ та уый дæр айстой семæ. Ацыдысты донæй, бахæццæ сты хуымтæм. О, марадз! Адæм уыцы архайд кæнынц, сæ мæнæутæ кæрдыныл архайынц. Уæд фæкастысты æмæ хуымы хуыссы иу лæг: куырис йæ нывæрзæн, куырис йæ къæхтæм, дыууæ куырисы йæ фæрстæм. Зад хуым æнæ карстæй лæууы. 124
— Цы ми кæныс, лæгай, цы дыл æрцыд, цæуылнæ кæрдыс дæ мæнæу? — фæрсынц æй барджытæ. Нæ сæм дзуры хуымон зивæджы адæргæй. — Дæу куы фæрсæм, къуырма дæ Хуыцау бакодта? Хуымон сæм кæсы, фæлæ сæм нæ дзуры: зивæг кæны. — Афтæмæй дæ нæ ныууадздзыстæм, — загътой барджытæ, — мах дæ сдзурын кæндзыстæм, — æмæ йыл æрлæууыдысты ехсытæй. Лæг фæсæррæтт кодта, уæдæ цы уыдаид. — Мæ бон нæу кæрдын, ай æнтæфы мын чи архайы. Æнцад мæ куы ныууадзиккат мæ хуыссæны. Барджытæ хуымоны дæр аластой сæ фæдыл æмæ æртæйы дæр бакодтой тæрхоны лæгмæ. Куыд уагæй сæ базыдтой, уыдон ын радзырдтой, стæй йын загътой: — Адонæй æвзæрдæр чи у, уый раиртасын мах бон нæ баци, тæрхоны лæг куы дæ: æрбакодтам сæ дæхимæ, цæмæй сын рав- зарай се ’взæрдæры дæхæдæг. Бæласы бын та йæхи æруагъта сæ иу хæлиудзыхæй, рæгъæд фæткъуытæ згъæлынц, фæлæ лæг хъæр кæны: «Сыдæй мæлын! Иу уæ ’рхауæд мæ дзыхмæ»., Аннæ доны был схуыссыд æмæ хъæр кæны: «Мæлын дой- ныйæ!» Уæд сæм æртыккаг дзуры: «Цавæр диссаджы адæм стут, зи- вæг куыд нæ кæнут дзурынмæ?» Тæрхоны лæг хъуыддаг равзæрста æмæ тæрхон рахаста: — Дзурынмæ зивæг чи кæны, уый — се ’взæрдæр. Мæ чызг йæ хай фæуæд. Магуса æмæ чызг цæрынтæ байдыдтой. Мæнæугæрдæны æхсырф райста лæг æмæ хуыммæ ацыди. Цыппар куырисы ра- карста, хуыссæн æркодта йæхицæн æмæ йыл афæлдæхти. Ус сагъæсы бацыд: «Оххай, мæ лæг йæ æбæрæгон хъуыддаг куы нæ ныууадза, уæд сæфæм: нæ хуым æнæ карстæй баззай- дзæн æмæ уæд амæлдзыстæм æнæ хæринагæй». Уыйадыл йæхи алы ахорæнæй сахуырста æмæ араст хуымты. Сæ хуыммæ бав- вахс уыдаид, афтæ хъæр кæны: — Магусаты удхæссæг фæцæуы! Æз дæн, æз магусаты удисæг! Мæлæты лæгау фæсæррæтт кодта магуса. Бирæгъау фæлæ- бурдта хуыммæ æмæ йæ ракарста, мæкъуылтæ йæ æрбацамадта. Изæрæй сæ хæдзармæ æрцыд хæстулæфтгæнгæ æмæ дзуры: — Усай, мæ сæрæн дын нал дæн, бафæлладтæн, лæг куыд бафæллайы, афтæ, фæлæ нæ хуым дæр карст фæци. — Æмæ уæд цæй тагъд? — бафарста ус. — Абон хуымтыл зылди магусаты удисæг. Куыддæр ын йæ хъæр айхъуыстон, мæ уд мын сисдзæн, зæгъгæ, нардуатæй æрлæу- уыдтæн нæ хуымæн йæ иу кæрон æмæ аннæ кæронæй акастæн. Чысылтыл ма дын фервæзтæн. Уæдæй ардæм æмбисондæн баззад нæ Ирыстоны: «Æвзæр йæ удæн тæрсы». 125
^ЙЩЬг":',1,;'■ коцойтыарсен (1872-1944) Коцойты Барисы фырт Арсен райгуыр- дис 1872 азы Джызæлы, зæхкусæджы хæ- дзары. Хъæууон скъола каст куы фæци, уæд бацыд Æрыдоны дины семинармæ. Зæрдæргъæвдæй ахуыр кодта Арсен се- минары. Касти уырыссаг æмæ дунеон ли- тературæ. Ам фыццаг хатт фехъуыста Къо- стайы тохмæсидæг æмдзæвгæтæ æмæ Æры- донæй Дзæуджыхъæумæ фæцыд фистæгæй йæ фенынмæ. Арсен семинар каст нæ фæци. Арæх рынчынтæ кæй кодта, уый тыххæй йæ бахъуыд йæ ахуыр ныууадзын. Фæстæдæр сæр- магонд фæлварæнтæ радта æмæ райста ахуыргæнæгæй кусыны бар. Куыста Ирыстоны хъæутæй бирæты (Джызæл, Хъæдгæрон, Дæргъæвс, Саниба, Уыналы...). Царды фыдæвзарæнтæ (низæфхæрд, мæгуырдзинад) æмæ иугæндзон бæллиц «цард фыцгæ кæм кæны, уырдæм тындзын» сæ разæй хастой Арсены Ирыстоны Цæгатæй Хуссармæ, Хусса- рæй — Мæскуымæ, Бегьырбухмæ, уырдыгæй — Калакмæ, стæй — Дзæуджыхъæумæ. Уыдон уыдысты, Арсен адæмы цард арф æмæ æппæтвæрсыгæй куы федта æмæ куы банкъардта, уыцы азтæ. Фыссæг йе сфæлдыстадон куыст райдыдта публицистикон уацтæй. Ирон периодикон мыхуыр кæй нæма уыди, уымæ гæсгæ йæ уацтæ фыста уырыссагау. Дзырдта царды хъуагдзинæдтыл, фыста рæ.стæджы «риссаг фарстатыл» («Хæххон промышленнос- ты змæлд Ирыстоны», «Нæ хъæуы хицæуттæ», «Хизанты тых- хæй»), тырныдта рæстдзинад æргом зæгъынмæ. Йæ фыццаг радзырдтæ дæр фыста уырыссагау. Мыхуыры цыдысты газеттæ «Кавказ» («Фидис», «Хин», «Тутыр»), «Новое обозрение» («В поисках за счастьем») æмæ æнд. Æвдыст сæ цæуы фыдæлты иуæй-иу фыдæгъдæутты (туг исын æмæ диныл æууæн- дыны) æвирхъау фæстиуджытæ. Ирон æвзагыл Арсен йæ радзырдтæ мыхуыр кæнын райдыдта журнал «Æфсир»-ы («Цы фæци Асæхмæты ирæд», «Ханиффæ», «Рæдыд», «Гигойы куадзæн» — 1910 аз). Сæрмагонд рубрикæ «Арвистон»-ы цыдысты йæ фельетонтæ æмæ карикатурæтæ. Йæ уацмысты Арсен «æмхуызон арæхстджынæй æвдисы тра- гикон быцæутæ æмæ комедион цаутæ, йæ бон у цæссыгкалгæ æмæ худгæйæ дзурын, мæсты кæнын æмæ тæригъæд кæнын». Æппæт уыцы æнкъарæнтыл сæмбæлæн ис уыцы иу уацмысы дæр, арæхдæр дин æмæ мæнгуырнындзинады темæйыл фыст радзырд- ты («Дадолты мæт», «Ханиффæйы мæлæт») кæнæ, аргъуаны кус- 126
джыты дыдзæсгомдзинад æмæ фæлитой митæ кæм æвдисы, уыцы радзырдты («Гигойы куадзæн»). Арсен хорз æмбæрста, тугисын хæрам кæй тауы адæмы ’хсæн, æмæ карзæй æрлæууыд йæ ныхмæ. Æргом ын кодта йæ зианхæс- сæг мидис («Сæумæрайсом», «Фынддæс азы»). Революци æмæ мидхæсты цаутыл фыссæг ныффыста радзырд- ты цикл («Æнхъæл нæ уыдысты», «Саломи», «Фембæлдысты», «Хус къæбæртæ», «Æхцайы чырын»). Коцойты Арсен стыр нысаниуæг лæвæрдта сывæллæтты лите- ратурæйæн. Ныффыста сæрмагонд уац: «Сывæллæтты литерату- рæйы тыххæй». Йæ уацы фысджыты раз цы домæнтæ æвæры, уыдонæн æххæстæй дзуапп дæттынц Арсенæн йæхи фыст ра- дзырдтæ: «Фæкæс-ма, Ауызби!», «Пионер Габо», «Хъусой», «Тулдз æмæ мæцкъор», «Куысыфтæг æмæ Дурын», «Хъæддзау». ХЪÆДДЗАУ Астазыккон Черменæн йæ мады ’фсымæр ралæвар кодта хъазæн фæрæт. Чермен йæхицæй хъæддзау акодта, фæрæт йе уæхскыл авæр- дта æмæ уартæ фæцæуы. Бацыди дыргъты цæхæрадонмæ, лæппын фæткъуы бæлæстæй рæсугъддæр чи уыди, уый равзæрста æмæ йæ лыг кæныныл ныллæууыди. Акуыста Чермен дæс минуты бæрц æмæ бæлас афæлдæхти. Уый фæстæ та лæппу фæрæт йе уæхскыл авæр- дта. Кæс æмæ æцæг хъæддзауы хуызæн бараст ис хæдзармæ. Дыккаг бон Чермены фыд уыди цæхæрадоны. Фæткъуы бæ- лас калдæй куы федта, уæд æрбамæсты ис æмæ хъæрæй æлгъи- тын байдыдта: — Йæ къухтæ бахуыскъ уой, чи уыди ай, чи мын алыг кодта мæ бæлæсты хуыздæр? Æз æй базонон, стæй йын хорз фæуыдзынæн. Уыцы афон Чермен уыди быруйы æдде æмæ бамбæрста, сгуыхт хъуыддаг ын кæй нæ уыдис бæласы акалд. «Хъуамæ гæды ма зæгъон, хъуамæ мæхи ма бамбæхсон», — сдзырдта Чермен хинымæр. Фидар къахдзæфæй бараст ис цæхæ- радонмæ, æрлæууыди йæ фыды раз æмæ загъта: — Баба, æз акалдтон бæлас. Æз дæн аххосджын. Æз уыцы ран ныссадздзынæн æмæ схъомыл кæндзынæн æндæр бæлас. Фыд ма мæсты каст кодта, фæлæ мæсты нал уыди — Чермены ныхæстæ йын ахуыссын кодтой йæ маст. «Æгайтма мæ фырт гæды нæу, æгайтма афтæ комкоммæ басасти йæ аххосыл... Сахъ лæг дзы рацæудзæн, бæлвырд». ФÆКÆС-МА, АУЫЗБИ! — Нæ мæ фæнды скъоламæ цæуын, — загъта Тебо, йæ чин- гуытæ зæхмæ аппаргæйæ. Йæ худ йæ сæрæй фелвæста æмæ уый дæр чингуытыл ныццавта. Сындæггай йæ дзыппæй сласта бапъи- розты къопп, иу дзы систа æмæ йæ къухæй æууæрды. 127
— Знон æртæ сомы æмæ æхсæз суарийы рамбылдтон... Спич- кæтæ дæм нæй? Йæ разы лæууыди йе ’мбал Ауызби æмæ цыбæл каст кодта Тебойы бапъирозмæ. — Авæр мын иу бапъироз æмæ дын ратдзынæн спичкæ. Ссыгътой дыууæ лæппуйы бапъирозтæ æмæ дымынц. Тебойыл цæуы иуæндæс азы, Ауызбийыл та — дæс азы. — Мæн дæр нæ фæнды скъоламæ цæуын, — загъта Ауызби. Тебо йæ худ йæ сæрыл асагъта, чингуытæ йæ дæлармы акодта æмæ загъта: — Цом фаллаг фарсмæ, уым афонмæ сæ тæккæ хъазгæйæ сты æхцайæ. Фæздæгкалгæ араст сты дыууæ лæппуйы фаллаг фарсмæ. Хидыл Тебо цыди разæй, Ауызби — йæ фæстæ. — Мæнмæ иу капекк дæр нæй, — дзуры Ауызби размæ. Тебо фæкасти фæстæмæ. — Æз дын æхсæз суарийы ратдзынæн, сомырдæг-иу мын бафид. Фаллаг фарс уынджы тигъыл бадти куырм мæгуыргур, йæ разы йæ худ уæлгоммæ фæлдæхтæй, худы мидæг лыстæг æхцайы дзыгуыр. — Кæс-ма, дæлæ цас æрæмбырд кодта, — сындæг сдзырдта Ауызби. Ауызби фæлæууыд, зæххæй гыццыл дур фелвæста. — Братья, сестры родненькие, подайте слепому на пропита- ние! — æнæрынцойæ хъæрæй сидтис куырм. Ауызби ныппæрста дур худмæ æмæ дзы æхцайы дзыгъал-мы- гъул ссыд. < ,. — Спаси вас, господи! — йæхиуыл дзуар афтыдта куырм. Ауызби аййæфта йе ’мбалы. — Федтай? — афарста Ауызби. , — Молодец! — сдзырдта Тебо. — Цом тагъддæр. Тебо æнхъæл кæм уыди, уыцы ран æцæг бадтысты æртæ лæп- пуйы æмæ къамæй хъазыдысты. Алкæмæн дæр йæ разы уыди лыстæг æхцаты дзыгуыр. Æрбадтысты Тебо æмæ Ауызби дæр æмæ хъазын байдыдтой. Рацыдаид иу сахаты бæрц, афтæ Тебо æмæ Ауызбимæ иу ка- пекк дæр нал аззади. Абадтысты ма мæстæймæлгæйæ иу чысыл, стæй сыстадысты. Араст сты Буачидзейы уынджы фалæрдæм. Дæлæ иу чызг ссæуы. Лæппуты размæ куы схæццæ ис, уæд ын Тебо йæ фæдджи раивæзта. — Хулиган! — Сама хулиганка! Цæуынц дарддæр. Дæлæ уæзласæн æхситтытæгæнгæ стæхы. Ауызби иу чысыл лæппуйы худмæ фæлæбурдта æмæ йæ. уæзласæны цалхы бынмæ баппæрста. Худыл цалх атылди æмæ йæ цъыфы ныссæста. Худы хицау кæугæйæ баззади. 128
Тебо æмæ Ауызби чъыллиппытæгæнгæ цæуынц дарддæр. — Фæкæс-ма, Ауызби! — фæхъæр кодта Тебо æмæ трамвайы рæзты йæхи цæхгæрмæ ауагъта. Ватман тормоз фæзылдта, фæлæ байрæджы ис, лæппуйы цъæхахст æмæ æрдиаг айхъуыстысты уынджы. Алырдыгæй адæм згъордтой, фыдбылыз кæм æрцыди, уырдæм. КУЫСЫФТÆГ ÆМÆ ДУРЫН Раджыма-раджыма цардысты, уыдысты дыууæ хæлары — Куы- сыфтæг æмæ Дурын. Иу хатт Куысыфтæг бацыди Дурынмæ æмæ йын загъта: — Мæ хæлар Дурын, иу ран бадгæйæ схъуына уыдзыстæм, цом бæстæтыл ахæтæм. — Нæй гæнæн, Куысыфтæг, — нæ фæндагыл стыр цæугæдон ис, ноджы ныр йæ ивылыны рæстæг у, æмæ мæ дон йæ бынмæ куы аласа, уымæй тæрсын. — Ма тæрс, мæ хæлар, æз дын аххуыс кæндзынæн. Дурын фæныфсджын ис, æмæ дыууæ хæлары араст сты сæ фæндагыл. Цæуынц, цæуынц æмæ бахæццæ сты стыр цæугæ- донмæ, — йæ фæйлауæнтæ кæрæдзи сæрты бырстой, йæ уынæ- рæй хъустæ къуырма кодтой. Дурын æм куы бакасти, уæд фыр- тæссæй базыр-зыр кодта, — хорз æм касти балцы цæуын, фæлæ йæм мæлын хорз нæ касти æмæ фæстæмæ здæхыны фæнд скод- та. Куысыфтæг куы бамбæрста Дурыны хъуыдытæ, уæд æм бауа- ди æмæ йын загъта: — Æрбабад мæ рагъыл, æз дæ доны иннæ фарсмæ адавон. Дурын бабадти Куысыфтæджы рагъыл, æмæ уайтагъд цæугæ- доны иннæ фарс рахызтысты. Цæуынц дыууæ хæлары дарддæр, быдыртæ æмæ хъæдты уын- дæй сæ зæрдæ рухс кæны, мæргъты зард сын сæ хъустæ рæвдауы. Уалынмæ кæсынц, æмæ разæй цавæрдæр мигъ змæлы æмæ сæм хæстæгæй-хæстæгдæр кæны. Æвиппайды Куысыфтæг фæхъæр кодта: — Мæ сæфт æрцыди, Дурын! — Уæртæ быдыры кæрдæг судзгæ æрбацæуы, æмæ мын аирвæзæн нал ис — басудздзынæн. — Цыма йыл тæфсæг бахæцыди, уыйау тæссæй зыр-зыр кодта Куысыфтæг. — Ма тæрс, Куысыфтæг, — сабыр æй кæны Дурын. — Ницы дын уыдзæн, æз дæ фервæзын кæндзынæн. Цалынмæ уыдон ныхас кодтой, уалынмæ сыгъд сæ уæлхъус æрбалæууыди. Дурын Куысыфтæджы æрхуыссын кодта дзыхъхъы, йæхæ- дæг æй йæхицæй æрæмбæрзта. Цыбыр рæстæгмæ сыгъд иннæ фарс фæци æмæ уæртæ фæ- цæуы дарддæр. — Цы фæдæ, Куысыфтæг? Фесæфтæ? Басыгътæ, мыййаг? — бафарста Дурын. 9 Ирон Л1гтературæ сывæллæттæн 129
— Зонгæ дæр нæ бакодтон сыгъд, — дзуапп радта Куысыфтæг. Уæдæй фæстæмæ ноджы тынгдæр схæлар сты Куысыфтæг æмæ Дурын æмæ ма абон дæр æмзæрдæ, æмудæй цæрынц. ХЪУСОЙ Сугъарты хæдзармæ Хъусой æрбафтыди хæрз чысылæй, æвæц- цæгæн ыл иу мæйæ фылдæр нæ цыдаид. Къæбыла йæ ном дæр æрхаста йемæ: йæ хъусты кæрæттæ разындысты лыг, æмæ йыл Сугъарты сывæллæттæ уайтагъд авæрдтой ном Хъусой. Хъусой уыди лæгъзхъуын, стæй хæрзуынд, æмæ йæ бинонтæ тынг бауарзтой, тынгдæр та дыууæ лæппуйы — дæсазыккон Гап- по æмæ астазыккон Сослан. Лæппутæ къæбыламæ зылдысты, æхсырæй йæ хастой, хъазыдысты йемæ. Чысыл куы фæхъомыл ис Хъусой, æдæрсгæ разгъор-базгъор кæнын куы райдыдта, уæд та йæ æппын уæгъд нал уагътой дыууæ лæппуйы. Куыддæр-иу скъолайæ æрцыдысты, афтæ кæс, æмæ та уæртæ кæртмæ фæуа- йынц Хъусоймæ. Уый дæр сыл сахуыр æмæ-иу къæдзил тилгæйæ сæ размæ фæци. Зæрдæхъæлдзæгæй рæзыди Хъусой. Куыд тагъд рæзыди, ууыл та дис кодтой Сугъартæ сæхæдæг дæр æмæ сыхæгтæ дæр. Байрæзыди Хъусой, стыр куыдз сси, хъæбатыр æмæ тыхджын куыдз. Куыйтæ кæртæй къордæй куы рагæпп кæной, уæд сын хъæбатырæн цы хъæуы, фæлæ-иу Хъусой та иунæгæй рагæпп кодта æмæ-иу сыхæгты куыйты фæйнæрдæм фæтардта. Сугъартæ цардысты горæты кæрон æмæ сын æхсызгон уыди, сæ хæдзарæн хорз гæс кæй фæзынди, уый. Гаппо æмæ Сослан та тынгдæр ууыл цин кодтой, хъазæг æмбал сын кæй фæзынди. Акодтой-иу дыууæ лæппуйы Хъусойы семæ быдырмæ. Уым- иу разгъор-базгъор кодтой куыдзимæ, ноджы йæ ахуыр кодтой фæстаг къæхтыл лæууын, исты дзауматæ хæссын. Тынг æмбаргæ разынди Хъусой æмæ алцæуыл дæр æнцонæй ахуыр кодта. Сугъартæм уыди дæсмæйдзыд чысыл сывæллон дæр. Уый дæр фæцахуыр Хъусойыл, йæ разы-иу йæ цыппæртыл рабыр-бабыр кодта. Куыдз дæр, къæдзил тилгæйæ, хъыллистытæ кодта, ни- цæмæй хъыг дардта сывæллоны. Сывæллон-иу йæ гыццыл къу- хæй куыдзы нæмын куы райдыдта, уæддæр-иу уый цины хъыл- листытæ кодта, æндæр ницы. Афтæ зынди, цыма Хъусой зыдта, сывæллон æнæмбаргæ кæй у æмæ йæм мæстыгæнæн кæй нæ ис. Хъæлдзæг уыдис Хъусойы цард. Над, æфхæрд ыл нæ цыди бинонтæй. Хæринагæй хъуаг не ’ййæфта, бинонты уæлдæйттæ — къæбæртæ, стджытæ — кæддæриддæр йæ разы фаг. Фæлæ скод- та ахæм бон дæр, æмæ æфсин Госæма æнæхъæн фых карк кæд бахæрын кодта Хъусойæн. Хъуыддаг æрцыди афтæ. Иу изæр Госæма лæууыди уаты ру- дзынджы раз æмæ касти уынгмæ. Хæдзары размæ, нарæг уын- джы, йæ гыццыл сывæллон хъазыди Хъусоимæ. Йæ цыппæртыл 130
рабыр-бабыр кодта, йæ гыццыл къухтæй куыдзы цъыччытæ код- та. Хъусой йæ гуыбыныл хуыссыди, хъыллистытæ кодта, алыр- дæм дæр-иу афæлгæсыди. Госæма касти йæ уарзон хъæбулмæ рудзынгæй. Фæлæ мæнæ æвиппайды мады зæрдæ ныссæххæтт кодта, йæ цæстытæ атартæ сты: Хъусой йæ дæндæгтæ фæсагъта сывæллоны дарæсы чъылдымы ’рдыгæй æмæ йæ хæрхæргæнгæ радавта къулы ’рдæм. Кæцæй йæ радавта, ууылты та уыцы минут тарст бæх уæрдонимæ гыбаргыбургæнгæ ауагъта йæхи дæлæр- дæм. Госæмайæн фыр цинæй, фыр бузныгæй йæ цæстысыгтæ рудзынджы дæлвæйнæгыл æркалдысты. Хорз та куыд нæ у хæдзары куыдз дарын! Æрцыди ахæм рæстæг, уый уыди фæззæджырдæм, æмæ Хъу- сой сывæллæттыл цин кодта, фæлæ семæ хъазынмæ йæ хъус нал дардта. Æрцыди ахæм бон дæр, æмæ сарайы къуымæй æддæмæ нал ракасти. Сослан ын уырдæм хæринаг бахаста, фæлæ куыдз хæринагæй дæр йæхи атигъ кодта. Лæппу тынг тарсти Хъусойæн амæлынæй æмæ хъынцъым кодта. Аивгъуыдта æхсæв. Сосланæн йæ зæрдæ куыдзимæ дзырдта æмæ сæумæрайсом бæгъæввадæй ауади сарамæ. Нæма бахæццæ уырдæм, афтæ йæ хъустыл ауади къæбылаты хъист-хъист. Бам- бæрста лæппу хъуыддаг, куыдзы хуыссæнмæ нал бахæццæ, фæлæ фæстæмæ фездæхти æмæ йæ мадмæ дзуры: — Нана, нана, Хъусойæн къæбылатæ ис. Госæма нæ бацин кодта, ницы сдзырдта лæппуйы уацхъуыдмæ. Уымæй лæппу бамбæрста, йæхи хъуыды æмæ йæ мады хъуыды къæбылаты тыххæй кæрæдзимæ дард кæй сты. Мад куы ницы сдзырдта къæбылаты тыххæй, уæд та Сослан нал фæлæууыди æмæ базгъордта сарамæ. Ацы хатт бацыди хæс- тæг, уыны: куыдз йæ фарсыл дæргъæй хуыссы хосæй лыстæ- ныл. Æртæ гыццыл къæбылайы, цъынд цæстытимæ, йæ гуыбы- ны раз змæлынц. Мад уайтагъд йæ сæр схъил кæны æмæ та сæм ныккæсы, ратымбыл кæны йæхи æмæ сæ асдæрдтытæ кæны. Аивгъуыдта æхсæв. Райсом раджы дыууæ лæппуйы иумæ бауа- дысты сарамæ. Кæсынц: къæбылатæ рабыр-бабыр кæнынц лыс- тæныл. Хъусой куы сæ разы алæууы, куы та иуварс ацæуы æмæ уырдыгæй бакæсы йæ къæбылатæм. Кæсы Хъусой лæппутæм дæр æмæ йæ къæдзил тилы, цин сыл кæны: адон сты йæ хæлæрттæ, йæ хъазæг æмбæлттæ. Уый афтæ æмбары хъуыддаг, æмæ къæ- былатæ йæхицæн куыд уарзон сты, хъуамæ лæппутæн дæр афтæ уарзон уой. Гаппо дзуццæджы æрбадти æмæ сдзырдта: — Дыууæ дзы йæхи хуызæн сты, æртыккаг та æндæрхуызон, цъæхбын. — Рæсугъд куыйтæ уыдзысты, — загъта Сослан. Лæппутæ къæбылатæм фаг куы фæкастысты, уæд бауадысты хæдзармæ цай цымынмæ. Сæ фыд бадти стъолы фарсмæ, мад та самоваримæ архайдта. 131
— Иуы дзы ныууадзæм нæхицæн, — дзырдта фыд. — Нæ нæ хъæуы сæ иу дæр, уый дæр та куы нæ хæссæм, — загъта мад. — Хъусой нын йæхæдæг æгъгъæд у. Ацы ныхæстæм байхъусгæйæ, Сослан дис кодта, цæуыл дзу- рынц, цы фæкæнынмæ хъавынц, уæдæ, къæбылаты? — Аппарут сæ, уæдæ, æртæйы дæр, — загъта фыд. — Теркмæ сæ ахæссæнт æмæ сæ уым баппарæнт. Сослан кæуынхъæлæсæй дзуры йæ мадмæ: — Ма сæ аппарут, нана. Куыд рæсугъд сты, уый куы зонис! Гаппойы дæр нæ фæндыди сæ аппарын æмæ загъта: — Куы схъомыл уой, уæд нын нæ кæрт, нæ хæдзар хъахъ- хъæндзысты. Цæмæн сæ æппарут! Сосланы хъуыдытæ æндæр уыдысты. Уый афтæ фæндтæ кодта хинымæр, мæнæ бахъомыл уыдзысты æмæ семæ хъаздзæн, бы- дырмæ сæ-иу акæндзæн æмæ-иу уым иумæ дугъы уайдзысты. Иннæмæй та, тæригъæд дæр кодта къæбылатæн, йæ цæстытыл уади, Терчы сæ куы баппарой, уæд сæ доны фæйлауæнтæ куыд фæцæйскъæфдзысты, куы фæбынæй уыдзысты, куы та-иу фæ- зындзысты. Лæппуйы рустыл цæстысыгтæ æруади. — Нана, баба! Ма сæ аппарут! — зæрдæбынæй куырдта Со- слан. — Ахæм дзæбæх сты æмæ диссаг. Фæлæ мад æмæ фыдæн сæ фæнд конд фæцис æмæ ма æрмæст хъазæн ныхæстæ кодтой сæ сывæллæттæн. ’ Бинонтæ райсомы цай куы ахицæн кодтой, уæд фыд баздæхти хистæр лæппумæ: — Гыццыл чыргъæд райс æмæ уыцы къæбылаты доны баппар! — Æмæ Хъусой дæр афтæ зæгъы? — сдзырдта Гаппо.— Æвна- лын дæр сæм куы нæ уадзы. — Лæппуйы фæндыди къæбылаты исты амæлттæй фервæзын кæнын æмæ уымæн афтæ дзырдта. Фæлæ.Госæмайæн хъуыдыгонд уыди хъуыддаг. Уый загъта: — Куыдз ныртæккæ стонг у. Æз æй хæринагмæ расайдзынæн, сымах та уæд къæбылаты фелвасут æмæ сæ ахæссут! Хистæр лæппу бамбæрста, мад æмæ’фыд сæ.фæнд кæй нал аивдзысты, æмæ ницыуал дзырдта къæбылаты ирвæзын кæныны тыххæй, фæлæ Сослан былæфтыдæй, æнкъардæй лæууыди. Уый дис кодта, цæмæн æппарынц къæбылаты, цæуылнæ сæ бауадзынц стыр кæнын. Йæ цæстытæ та доны разылдысты, æмæ та дзуры йæ мадмæ: — Нана, тæригъæд не сты, цæмæн сæ æппарут? Ныууадзут сæ! Куыд дзæбæх сты, уый куы зонис. Госæма йæ лæппуйы ныхæстæм мидбылты бахудти æмæ куы- дзæн хæринæгтæ æмбырд кæнынмæ фæци. Стонг куыдз къæдзил тилгæйæ рауад усы фæдыл тыргъмæ. Стджытæ æмæ къæбæртæ куы ауыдта къуымы, уæд йæ гуыбы- ныл æрхуыссыди æмæ хæрын райдыдта. Уыцы рæстæджы хистæр лæппу Гаппо къæбылаты чыргъæды 132
авæрдта æмæ кæрты дуары æдде фæци. Сослан дæр йæ фарсмæ уади чыргъæдмæ ныккæс-ныккæсгæнгæйæ. Хъусойæн йæ зæрдæ йæ къæбылатæм æхсайдта, йæ хъуыдытæ уыдонимæ уыдысты, фæлæ хæрын дæр хъуыди, æмæ тагъд-тагъд хи æфсадыны куыст кодта. Æппынфæстаг йæ зæрдæ нал фæлæу- уыди уæддæр, дзыхыдзаг фелвæста стджытæ æмæ къæбæртæ æмæ азгъордта сарамæ. Къæбылаты уым куынæуал ауыдта, уæд джи- хæй аззади иу минуты бæрц. Хæринæгтæ дзыхæй æрызгъæлдыс- ты, хæрын дзы айрох ис. Асмыстытæ кодта, асхъиудта æмæ æррайау æрзылди сарайы къуымты. Рауади Хъусой сарайæ, ра- кæс-бакæс акодта æмæ кæрты бырумæ сгæпп кодта. Уырдыгæй дардмæ афæлгæсгæйæ, азылдтытæ кодта йæ сæр алырдæм. Бæ- рæг уыди, йæ сæрымагъз дисæй æмæ мæтæй фæйлауæнтæ кæй кæны. Уайтагъд фæзылди фæстæмæ, рахста йæхи дæлæмæ æмæ, смудгæйæ, дуары æдде фæци. Дыууæ лæппуйы куыддæр Терчы былмæ бахæццæ сты, афтæ Хъусой сæ разы балæууыди. Чыргъæды йæ къæбылаты куы ауыд- та, уæд йæ цинæн кæрон нал уыди, хъыллистытæ кодта, йæ къæ- дзил æнæрынцойæ тылдта... Æгайтма йæ зынаргъ къæбылатæ адонмæ разындысты, йæ хæлæрттæм, йæ хъазæг æмбæлттæм, ныр сын ницыуал тас у! Фæлæ мæнæ Гаппо галиу къухæй чыргъæд бæрзонд систа, рахизæй та къæбылаты фæд-фæдыл доны астæумæ фехста. Хъусой зæрдæхалæн ниуд ныккодта æмæ йæхи доны баппæр- ста. Иуæрдæм, иннæрдæм аленк кæны, фæлгæсы алырдæм. Иу къæбылайы ма дзы ауыдта, — дæлæ йæ фæласы дон. Ныхъхъын- цъым кодта, нынниудта Хъусой, ауагъта йæхи йæ хъæбулы фæстæ æмæ йæ ацахста. Кæстæр лæппу, Сослан, бацыди Терчы хæдбылмæ æмæ касти Хъусойы катаймæ. Йæ цæстысыгтæ дыууæ уæрæх фæндаджы акодтой рустыл æмæ дыууæ цыхцырæгау ныллæууыдысты зæхмæ. Гаппо та йыл худгæ кодта æмæ дзырдта: — Аку, аку... Уыдон афонмæ дæллаг хидмæ ныхæццæ сты. Уалынмæ дыууæ лæппуйы раз, къæдзил тилгæйæ, фегуырди Хъусой — къæбыла йæ дзыхы, мæллæг хъист-хъист кæны. • Хъусой тынг ахуыр уыди Гаппо æмæ Сосланыл, бирæ фæхъа- зыдысты иумæ, бирæ фæзылдысты быдырты, кæрæдзи уарзтой, кæрæдзийыл æууæндыдысты алцæмæй дæр. Ныр, Гаппо къæбы- латы доны куы баппæрста, уæддæр Хъусой афтæ æнхъæл уыди, æмæ хъазгæ кæны. Фæлæ ацы хъазт æппындæр йæ зæрдæмæ нæ цыди. Чердыгон хъазт у уый? Йæ уарзон гыццыл къæбылаты йын фелвас æмæ Терчы бавзил! Мæнæ ма дзы иу ссардта, фæлæ иннæтæ кæм сты, кæм сæ агура? Хъусой къæбылайы йæ разы куы æрæвæрдта, уæд æм Сослан бауади æмæ йын йæ хуылыдз хъуын къухæй сæрфы, куыдз дæр та йæ къæдзил батылдта. Гаппойы зæрдыл лæууыди йæ ныййарджыты фæдзæхст æмæ 133
бараст ис къæбыламæ. Сосланы рустыл цæстысыгты фæд куы ауыдта, Хъусой йæм куы бакасти æнкъард æмæ дисгæнгæ цæсты- тæй, уæд Гаппойæн дæр йæ зæрдæ æрбауынгæг ис, фæлæ гæнæн нæй — дард фæхаста йæ къух æмæ фехста къæбылайы Терчы астæумæ. Къæбылайы фæдыл та Хъусой дæр баппæрста йæхи доны. Бирæ раленк-баленк фæкодта, бирæ рацагур-бацагур фæкодта, фæлæ ницыуал ссардта ацы хатт. Лæппутæ йæм кастысты былæй, тæригъæд ын кодтой æмæ йæм дзырдтой: — Хъусой, Хъусой! Цом нæхимæ! Хъусоймæ ахæм дзырдтæ нал хæццæ кодтой æмæ дзы цалынмæ хъару уыди, уалынмæ агуырдта йæ къæбылайы, стæй йыл доны фæйлауæнтæ тыхджындæр кæнын куы байдыдтой, уæд рабыры- ди былмæ. Нал тылдта ныр йæ къæдзил лæппуты уынгæйæ. Дæрд- дзæф æрлæууыди æмæ сæм æнкъардæй, уайдзæф æмæ зæрдæ- худты цæстæй касти. Нал куымдта Хъусой доны былæй хæдзармæ цæуын, тыххæй йæ атардтой дыууæ лæппуйы сæ хæдзармæ. Кæрты мидæг куы фе- сты, уæд Гаппо дуар фидар сæхгæдта æмæ бацыди хæдзармæ. Фæлæ Сослан кæрты баззади куыдзы раз. Куыдз иу ран сагъдау лæууы, йæ къæдзил уæгъд зæбул, йæ цæстытæ зæхмæ, иу ранмæ арæзт. Сослан дзуры куыдзмæ лæгъз хъæлæсæй, рæвдаугæйæ, фæлæ йæ куыдз цыма æппындæр нæ хъусы, уыйау æм кæсгæ дæр нæ кæны, сагъдау лæууы. Уæд лæппу бауади хæдзармæ æмæ радав- та йæ хай — карчы сынæг, куыдзы раз æй æрæвæрдта æмæ фæл- мæн хъæлæсæй дзуры: — Ахæр, Хъусой, ахæр!.. Ахæр, Хъусой! Æз та дын ноджы- дæр рахæсдзынæн! Нæ фезмæлыди йæ бынатæй куыдз, хæринагмæ дæр не ’ркасти. Иу минуты бæрц фæлæууыди лæппу Хъусойы раз, æнкъар- дæй йæм касти, стæй та йæм баздæхти лæгъстæгæнæгау: — Ахæр-ма, Хъусой, цæй! Хъусой нæ хъусы, Хъусой не змæлы. Фæлæ мæнæ æвиппайды ныррызти йæ сæрæй йæ къæхтæм, стæй, цыма йæ исчи рæхойгæ фæкодта, уыйау фесхъиудта æмæ кæрты дуары ’рдæм аппæрста йæхи. Дуар æхгæд куы разынди, уæд быруйы сæрты агæпп код- та уынгмæ. Сослан ма йæ фæдыл рауади, фæлæ, куыдз чердæм алыгъдис, уый бæрæг нал базыдта. «Алыгъди нын! Нал нæм æрцæудзæн!» — сдзырдта хинымæр лæппу æмæ æнхъæлæй Терчы ’рдæм араст ис. Уым бирæ рафæл- гæс-бафæлгæс фæкодта, фæлæ ницы ссардта æмæ раздæхти фæс- тæмæ хæдзармæ. Цыди сындæг, ракæс-бакæсгæнгæйæ æмæ та-иу уайтагъд сдзырдта: «Афтæ нын хъæуы! Афтæ нын хъæуы, афтæ!» Доны былæй иучысыл куы рауади, уæд дзыхълæуд фæкодта: дард, дæлæрдыгæй, донвæды ауыдта Хъусойы хуызæн куыдз. Ныккасти æдзынæг. Бæлвырд, уый уыди Хъусой. Ныллæуу-ныл- 134
лæугæнгæйæ æдзух доны ’рдæм кæсгæйæ доны былтыл дæлæр- дæм цыди Хъусой. Сослан азгъордта уыцырдæм, фæлæ йын комкоммæ фæндаг нæ разынди. Уæд дардыл азылди, фæлæ куыдзы кæм федта, уым æй нал ссардта. Ацыди ма дæлдæр, фæлæ куыдз никæцæй- уал фæзынди. Бон-изæрмæ бинонтæ æнхъæлмæ фæкастысты Хъусойы æрбаз- дæхынмæ, фæлæ уый никæцæйуал фæзынди. Тынг фæхъыг код- той бинонтæ, тынгдæр та — лæппутæ, Хъусойы сæфтыл. Æхсæ- вы Сосланы хуыссæг дæр нал ахста, æрæджиау, куы бафынæй ис, уæддæр йæ фыны уыдта Хъусойы æмæ йæ къæбылаты. Дыккаг бон иннæ хæттытæй раздæр райхъал ис Сослан, йæ фыццаг хъуыды уыди Хъусойы тыххæй. Кæд, мыййаг, фæзынди, зæгъгæ, азгъордта сарамæ. Кæсы, æмæ Хъусой йæ лыстæныл хуыссы, иу къæбыла йæ разы. Цингæнгæйæ бауади Сослан куыдзмæ æмæ йæм дзуры: — Хъусой, Хъусой, æз дын хæринæгтæ радавдзынæн! Сосланы ауынгæйæ, куыдз иу цъус йæ къæдзил базмæлын кодта, фæлæ йæм фыццагау цины хъыллистытæ нал разынди йæ хъазæг æмбалæн. Хъусой хуыссыди нæ рахиз фарсыл, йæ фарсмæ мард къæбы- лайыл галиу къахы дзæмбы æвæрд. Бинонтæн æхсызгон уыди Хъусойы фæзынд. Госæма амбырд кодта къæбæртæ, стджытæ æмæ сæ бахаста Хъусойы размæ. Куыдз та цъус йæ къæдзил базмæлын кодта, фæлæ хæринæгтæм кæсгæ дæр нæ ракодта. — Ахæр, Хъусой, ахæр! — лæгъз хъæлæсæй дзырдта Госæма, фæлæ куыдз нæ ракасти уæддæр хæринæгтæм. Бон-изæрмæ бинонтæ абæрæг-абæрæг кодтой Хъусойы. Уый йæ хуыст нæ фендæрхуызон кодта, дзæмбы фыццагау мард къæбыла- йыл æвæрд, хæринæгтæ дæр йæ разы æнæвнæлдæй лæууыдысты. Ус сфæнд кодта мард къæбылайы исчердæм аппарын, афтæ æнхъæлæй, æмæ йæ кæд айрох кæнид æмæ та хæрын райдаид. Бавнæлдта Госæма мард къæбыламæ, дзæмбыйы бынæй йæ рала- сынмæ хъавыди, фæлæ куыдз афтæ мæсты ныууынæргъыдта, æмæ ус иуварс аппæрста йæхи. Уæд Хъусой мард къæбылайы йæ дзы- хы фелвæста æмæ кæрты быруйы сæрты агæпп кодта. Къуырийы бæрц рацыди Хъусойы алыгъды бонæй. Сугъартæ хъыг кодтой сæ куыдзы алыгъдыл, фæлæ ма сæ цъус ныфс дæр уыди, зæгъгæ, йæ маст куы ссæуа, уæд та кæд бацагурид йæ хæдзар. Иуизæр Гаппо æмæ Сослан ацыдысты быдырмæ, хъомы размæ. Раджы ма уыди, хъом нæма зындис, æмæ лæппутæ сæхи фæ- стиæттæ кодтой, разгъор-базгъор кодтой къутæрты æхсæнты. Афтæмæй фæкомкоммæ сты иу къутæры бын куыдзы мардмæ. Куыдз фæлдæхт уыди рахиз фарсыл, раззаг галиу къахы дзæмбы æвæрд уыди мард къæбылайыл. Уый уыди Хъусой. Лæппутæ йæ базыдтой иу бакастæй. Æвæццæгæн, куыдз амарди дыууæ-æртæ 135
боны раздæр æмæ смаг кæнын байдыдта. Уæддæр æм лæппутæ бацыдысты хæстæг. Сосланы былтæ уайтагьд фесчъил сты. Рустыл фæбырыдысты, фæдгæнгæйæ, цæстысыгтæ. Ныккуыдтайæ хъæлæсыдзаг Сослан. Уæд Гаппо дæр нал баурæдта йæхи æмæ ныдздзынæзта: — Нæ зонын, нæ зонын, цæмæн ын фесæфтой йæ къæбылаты! ГÆДИАТЫЦОМАХЪ (1882-1931) Гæдиаты Секъайы фырт Цомахъ рай- гуырд 1882 азы Хъуды комы Ганисы хъæуы. Хуыздæр цард агурæг йæ бинонтæ. ралыгь- дысты Цæгат Ирыстонмæ. Ам Цомахъ ба- цыд ахуыр кæнынмæ Джызæлы хъæууон скъоламæ, уый фæстæ та Дзæуджыхъæуы дины скъола (1892—1897) æмæ Стъараполы семинармæ (1897—1903). Фæстæдæр сси Дерпты университеты истори æмæ филологийы факультеты сту- дент. Архайдта революцион змæлды. Уыцы азты 0905—1907) Цо- махъ ныффыста йæ тæккæ сæрибаруарзагдæр æмдзæвгæтæ («Тохы хъæр»,«Адæм», «Фæдис»). Æвдисы сæ тохы рæстæг, хъуысы сæ революцион дуджы пафос. Сты ирон литературæйы æнтыстытæ. Йæ революцион змæлды тыххæй Цомахъы 1908 азы æрцах- стой. Дыууæ азы фæбадти Таллины ахæстоны. 1910 азы йæ аха- стой Сыбырмæ. Ахæстоны къултæ йæ кæд æхсæнадон цардæй фæиппæрд код- той, уазал Сыбыры йын фидар хъадамантæ йæ уæнгтæ æрбалвæ- стой, уæддæр йе сфæлдыстадон клгыст нæ ныууагъта. Фыста æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, уацтæ. Иæ уацты æвæрдта ахсджиаг æхсæнадон фæрстытæ («Политикон хасты тыххæй», «Æрхæццæ кæны Фыдыбæстæйы хæсты зæрдылдаринаг бон — 1912 аз»). Уыцы азтæм хауы Цомахъы зындгонддæр æмдзæвгæты цикл «Ахæстоны фыстытæ» (1908—1910). Эпиграфæн сын райста Ген- рих Гейнейы ныхæстæ: «Æрмæст ахæстоны чи фæвæййы, уый бамбары зæрдæбынæй, куыд уарзон у Сæрибар». Нæ ферох кодта дард Сыбыры дæр Цомахъ рæзгæ фæлтæры. Йæ сывæллæттæн фыст уацмыстæ («Ванина болезнь», «Му- зыка», «Дичь», «Похороны», «В лесу», «Убийство») арвыста Бетьырбухмæ сывæллæтты журнал «Солнышко»-мæ, фæлæ мы- хуыры нæ рацыдысты. Уымæн йæ сæйраг аххосаг, æнæмæнгæй, уыдаид Цомахъы хасты уавæр. 1917 азы февралы, революци куы фæуæлахиз, уæд Цомахъ 136
сыздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ æмæ та аныгъуылд ногæй æхсæ- надон æмæ сфæлдыстадон куысты. Ныффыста ног æмдзæвгæты циклтæ («Цъæйы комы фыстытæ», «Æнæбæрæг азты фыст æмдзæвгæтæ»). Мыхуыры фæзындысты йæ радзырдтæ «Царды уæз», «Дыууæ дидинæджы», «Хæлуарæг æмæ мыдыбындз»... Ратæлмац кодта уырыссаг æмæ фæсарæйнаг авторты (Демьян Бедный, Виктор Гюго, Эжен Потье, Мориц Гартман). Уыцы азты Цомахъæн мыхуыры рацыдысты йæ егъаудæр уац- мыстæ: драмæтæ «Амондмæ цæуджытæ» (1925) æмæ «Ос-Бæгъа- тыр» (1929), уацау «Фыдæлты намыс» (1930). Цомахъ ахицæн йæ цардæй 24 октябры 1931 азы. ÆРЦЫД, НЫЛЛÆУУЫД УАЛДЗÆГ Æрцыд, ныллæууыд уалдзæг, Æрцыд, ныллæууыд май! Æрцыд нæ уарзон уалдзæг, Ныллæууыд диссаг май. Фыдуаг рæстæг фæфæстæ, Фыдуаг зымæг фæци. Нæ къуылдымтæ, нæ фæзтæ Ысфæлыстой сæхи... Æрцу нæм, уарзон май! Моцарты мелоди Рæвдауы хур, æрттивгæ; Йæ рухс тын у фæлмæн. Фæйлауы уддзæф, зилгæ, Нæуæг сыфтæрты ’хсæн. Ныззарыд цъиу йæ зарæг, Фырцинæй зары уый. Тæхудиаг, нæ уалдзæг1 Дæуæй хуыздæр кæм и?! Æрцыд, ныллæууыд уалдзæг, Æрцыд, ныллæууыд май; Æрцыд нæ уарзон уалдзæг Ныллæууыд диссаг май. ÆХСÆРДЗÆН (Скъуыддзаг) Былæй айнæгмæ гæпп! Дурæй дурмæ сæррæтт! Къæйæ къæймæ пæррæст! Къулæй къулмæ æппæрст! Афтæ згъоры æхсæрдзæн. Абон уымæн йæ дуг, Дæлæ коммæ йæ дугь. Уæлæ арвмæ йæ хъæр. Тындзы, тилы йæ сæр. Æмæ хъазы æхсæрдзæн. Ам æз иунæг дæн, нæ? Ам æз сидзæр дæн, нæ? Кæс, мæ цæссыг кæлы, Урс пырхæндæг кæны. Лидзын, лидзын æз фурдмæ. Ма тæрс, иунæг нæ дæн, Дæттæ ме ’мбал мæнæн. Уарзын фурды уылæн, Уарзын денджыз фыцæн, — Зары, зары æхсæрдзæн. 137
РАЙСОМ Уарыд хæхтыл дысон-бонмæ, Мигъ ныббадти комрæбын; Абон хур æрбакаст коммæ, Арвыл хъазы хуры тын. Абон дунемæ бæрзондæй Цъити ирд цæстæй кæсы, Абон хуры рухс уæлвонгæй Комы нарджытæм бырсы. Хуры рухсмæ доны ’ртæхтæ Худгæ ’рттивынц сыфтæртыл. Мæнæ райсомы цырæгътæ: Чи сæ ссыгъта бæлæстыл? Рагон нæзытæн фæсуарын Комыл ахæлиу сæ тæф... Гъей, кæм уыдзæн, кæм, зæгъ-ма мын, Ахæм диссаджы уæлдæф?!. Ахæм райсом, иууыл бæстæ Хуры цæстæй у æфсæст. Гъæй-джиди, ’мæ ахæм рæстæг Бирæ ку’ ахæссид æххæст. ЦÆМÆН ÆЙ УАРЗЫН ÆЗ МÆ ФЫДЫБÆСТÆ? Цæмæн æй уарзын æз мæ фыдыбæстæ? Цæмæн? Рæсугъд у Ирыстон. Бæрзондæй фæлгæсынц рухс цæстæй æнусы цъититæ. Ныгъуылынц хæхты цъуппытæ кæмдæр арвы цъæхы. Фидарæй лæууынц фæрсæй-фæрстæм рагон къæдзæхтæ. Сæ астæу арф ацыдысты кæмттæ. Æрттивынц ранæй-ран къултæ зæлдаг кæрдæгæй, хъæды къохтæй, зилы сыл фæлмæн фæзыл- дæй æврагъы уддзæф. Далæ комы нарæгæй хъуысы уæлæмæ доны хъæлæба, цыма хъал кæны йæ хъæрæй хæххон хъæутæ, къулты дæлбазыр сидзæртау чи бабукъ. Рæсугъд у Ирыстон... Зæрдæ йæм фехсайы, зæрдæ йæм фæ- ласы йæхи. ДЫУУÆ ДИДИНÆДЖЫ Сæрдыгон бон. Хур ныккасти йæ зынгцæстæй дунемæ. Хæхтæ ныддардтой сæ фæрстæ хуры тæвдмæ. Цъититæ ’рттивынц хуры рухсæй. Къæдзæхты цыргъытæ ныгъуылынц арвы цъæхы. Уæлæуæз, иу хохы тæккæ цъуппыл, сау къæйты ’хсæн иунæ- гæй рæзы иу хæххон дидинæг. Йæ дзæбæх фæлурс цæсгомæй, йæ рæсугъд хъал цæстытæй кæсы, фæлгæсы коммæ дæлæмæ. Сæрдыгон фæлмæн дымгæ рахъазы хохы цъуппытыл, ракафы дидинæджы алыварс, хъæбыстæ йæ акæны æмæ та фаууон вæййы кæмдæр дæлбылты. Йæ мидбылты бахуды дидинæг, ныуулæфы æрвон уæлдæфы, сисы йæ дари базыртæ, батилы йæ сæр æмæ та акæсы комы рæбынмæ. Дард, комы нарæджы, иу хуссар хъæбысы, кæрдæджы астæу рæзы иу быдираг дидинæг. Сдардта йæ сæр кæрдæгæй, кæсы уæлæмæ йæ чысыл цæстытæй. Дзуры йæм дæлæмæ хæххон дидинæг: — Гъе, уæууæй, гъе, кæм баззадтæ, кæ?!. Комрæбын фæлмæй 138
зынгæ дæр куы нæ кæныс уæлæмæ. Нæ федтай æнæкæрон арвы рæсугъд. Нæ зоныс райсомы хуры ’рбакаст, нæ зоныс изæры хуры аныгуылд. Нæ дæ хъахъхъæнынц рагон æгомыг урс цъи- титæ. Хæххон сыгъдæг дымгæ дæ нæ рæвдауы ’хсæвæй-бонæй. Никуыма ’рбадти дæ цуры хæххон цæхæрцæст цæргæс. Никуыма асимдтой дæ бынты мигъы тымбылтæ. «Гъе, уæууæй, гъе, дæ цард та цæмæн у, дæ цард?!. — Мæ хорз æмгар, — сдзырдга уæлæмæ быдираг дидинæг, — уынын дæ, рæсугъд æсфæлыстай дæхи, диссаг рæсугъд. Фæлæ дын кæмæн у, кæмæн, зæгъ-ма мын, дæ рæсугъддзинад. Хæрз иунæгæй æсфар- дæг дæ уазал цъуппытæм, хæрзиунæгæй æрвитыс дæ бонтæ, дæ цард. Æз та... Базмæлыдысты та мæ алыварс алыхуызон халсартæ. Мæ хъустыл та ауади алыхуызон царды уынæр. Нæй, нæй, нæ бабæл- дзынæн дын æз дæ рæсугъдмæ, дæ иунæгмæ, дæ бæрзондмæ... Кæс: æрбацæуынц доны былыл чызг æмæ лæппу. Зонын æз — уарзондзи- нады амондæй дзаг у сæ хуылф. Зонын æз, уарзондзинады артæй кæй судзынц сæ зæрдæтæ. Бирæ дзæбæх тæф æсцæтгæ кодтон æз уыдонæн. Ацыдис, ахæлиу уый хъарм уæлдæфы... Кæс: ныллæууы- дысты, улæфынц хъæлдзæгæй дзаг рæуджытæй. Уарзондзинады каст та бакодтой кæрæдзимæ. Уарзондзинады ныхæстæ та райдыдтой кæрæдзийæн. Стауынц та зæрдæйы бынæй цæугæ тæфы... Фæцæ- уынц дарддæр доны былтыл. Фæаууон сты... Мæнæ ноджыдæр: æрбатæхы заргæ мыдыбындз. Бирæ адджын нуазинаг æрæмбырд кодтон мæ лымæн мыдыбындзæн. Рауай мæм, рауай, мæ уарзон... Æмæ бадардта дидинæг йæ фæлмæн хъæбыс мыдыбындзмæ. Цингæнгæ йыл абадти мыдыбындз, цингæнгæ цъиры, сывæлло- нау, дидинæджы риу. Дистæ кæны хæххон дидинæг йæ бæрзондæй, тилы йæ сæр, хойы йæ цъæх къухтæ, сисы уæлдæр йæ базыртæ. — Уый æрра куы дæ, æрра, хæрз æрра, — дзуры уæлейæ дæлæмæ. — Сæрæй, дунейы сагъæс куы айстай дæхимæ. Йæ быны дæ фæкæндзæн, йæ быны, æнæзонд. Иу фыдуаг саби дын стон- дзæн дæ сæр æмæ йæ фехсдзæн иуырдæм, цæмæн хъæуы, зæгъгæ. Гъе, уæууæй, цы æгады раны бахаудтæ, цы?! Скæс-ма, уæдæ, мæнмæ. Æдасæй, æдæрсгæйæ рæзын æз мæ зæрдæйы дзæбæхæн хохы цъуппыл, арвмæ, цъититæм хæстæг. Фæлгæсын >æлвон- гæй. Дунейы рæсугъдæй æфсадын мæхи. Мæлæтæй нæ тæрсын... Ды та... Лæзæрыс гъеныр дæр уым изæрдалынджы, ам та... ды- дзы хур æрбакаст æмæ цъитийы æхсæрфæрстæн пъатæ кæны... Гъе, уæууæй, гье, цы æнамонд дæ, цы?! — Хæрзæхсæв, хæрзæхсæв уал у, — сдзырдта быдираг дидинæг. — Мæ амонд мæнæн мæ дзыллæйы амондимæ æмхæст у, мæ хæлар. Æхсæв. Ирдгæ систа цъитийы ’рдыгæй. Хъызтæмхæст дымгæ бавнæлдта хæххон дидинæгмæ йæ уазал къухтæй. Ризын байдыд- та дидинæг уазалæй æхсæвы талынджы, кæмдæр хохы цъуппыл. Æруагъта йæ сæр. Æрхаудтой йæ рæсугъд базыртæ. Арф ныу- улæфыд иу хатт, дыккаг хатт. Фæцис... 139
Сæрдыгон райсом. Хур кæсы йæ зынгцæстæй дунемæ, хохæй хохмæ уайы йæ рухсы тын, æрттивы цъититæй. Райхъал ис цард. Базмæлыд халсар. Уæлæуæз, хохы цъуппыл, сагъд къæцæлау, баззадис иунæг хæххон дидинæджы хъæд. Комы нарæджы, доны былыл, зæлдаг кæрдæджы астæуæй йæ сæр сдардта, фыццагау, хъæлдзæгæй быдираг дидинæг. Кæсы уæлæмæ. Хъуыдыйы аныгъуылд. Дардæй йæм фæзындис, хус къæцæлау, йæ хæлар дидинæджы хъæд... ХÆЛУАРÆГ ÆМÆ МЫДЫБЫНДЗ Комы нарæг... Дон хъуынтъызæй цæуы, фыцы къæйты ’хсæн... Донæн иуырдыгæй дæр æмæ иннæрдыгæй дæр лæууынц рагон бæлæстæ. Сæ цъæх къабæзтæ бадардтой къухтау сæ кæ- рæдзимæ доны сæрты. Райсомы хур ахаста йæ цæст цъититыл, рæгътыл, стæй æвра- гъæй æрæппæрста комрæбынмæ йæ тын, ныккасти бæлæстæм, лыстæгдæр зайæгойтæм, æхсæлыйы дзæмбытæм. Райсомы ’ртæхтæ хъазынц æрттиваг халсары хъæбысты, алы- хуызон цырæгътау. Кæс хæлуарæджы тынмæ дæр. Рухс уæлдæфы, раст донфы- цæны сæрмæ, ферттывта, зынджы стьæлфæнау, уый дæр уæл- дæр, уæлдæр... Ауагъта хæлуарæг йæ тын иу бæласы цонгæй иннæ бæласы цонгмæ доны фаллаг фарсмæ, айтыгъта дардыл йæ хыз. Бам- бæхст йæхæдæг, æнхъæлмæ кæсы... Заргæ-зарын хурæфсæст рухс уæлдæфы ’рбатæхы хъæлдзæ- гæй мыдагур мыдыбындз Тæхгæ-тæхын æвиппайды бахауди мыдыбындз хæлуарæджы тыны. Йæ уæзæй хæлуарджы тыны ’ндах фæцæуы дæлæмæ æнцад-æнцад. Донфыцæны сæрмæ архайы, тухи кæны мыдыбындз йæхи суæгъдыл. Ауыдта йæ хæлуарæг дæр. Рауади йе ’мбæхсæнæй, фæлæу- уыд, фæуайы йæ фыдбылызы фæндæгтыл. Схъазыд йæ саузæрдæ. «Нал мын аирвæздзынæ ныр, — зæгъы хæлуарæг, — сихорæн мын æсбæздзынæ ахæм дзæбæх бон, æвзæр дыв-дывгæнаг, дзæ- гъæлдзу мыдыбындз...» «Цы дын кодтон? — сдзырдта мыдыбындз. ■— Мæнæ мæхи- цæн мæгуыр кусæг бындз дæн... Ныууадз мæ...» Æмæ та арха- йын систа йæ лыстæг къæхтæй, йæ тæссонд базыртæй. Доны пырхæндæг ауайы мыдыбындзыл. Доны уазал улæфт æм хæццæ байдыдта. Фæлæ йæ архайд нæ уадзы уæддæр. Рауади хæлуарæг мыдыбындзы тæккæ цурмæ, ракафыд иу хатт йæ алыварс... 140
Сæ дыууæйы уæзæй хызы æндах фæцæуы донфыцæнмæ. Мыдыбындз фæстаг риуыгъдæй атыдта — стахти уæлæмæ. Хæлуарæг та раст тæккæ донфыцæны смидæг... Уагъылыйы дидинæг адджын хъæбыс бадардта мыдыбындзмæ. Абадти йыл уый дæр цингæнгæйæ. Хæлуарæджы та аууæрста доны уылæн æмæ йæ фехста дарддæр дæлæмæ. ХЕТÆГКАТЫ ДАУЫТ (1882-1964) $ Хетæгкаты Бибойы фырт Дауыт рай- гуырди Уæлладжыры комы Нары хъæуы мæгуыр хæххон лæджы хæдзары. Райдиан скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кæ- нынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы дины учи- лищемæ. Фæстæдæр каст фæци (1903 азы) Дзæуджыхъæуы реалон училище. Йæ цар- ды фæндæгтæ йæ ахастой дард Бетъыр- бухмæ. Ам бацыд технологон институтмæ æмæ йæ æнтыстджы- нæй каст фæци 1912 азы. Дауыты сфæлдыстадон фæндаг райдыдта, технологон инсти- туты куы ахуыр кодта, уæд. Уæззау азтæ уыдысты уыцы азтæ (1905—1907 азтæ). Иу иннæйы фæстæ æхгæд цыдысты ирон га- зеттæ æмæ журналтæ, уымæ гæсгæ Дауытæн мыхуыры ницы ра- цыд. Æрмæст, ног хицауад куы ’рфидар, ирон æвзагыл периоди- кон мыхуыр куы фæзынд, уæд райхъуыст Дауыты хъæлæс. Йе ’мдзæвгæтæ фыццаг хатт мыхуыры рацыдысты 1922 азы журнал «Малусæджы». Уымæй фæстæмæ, суанг йæ амæлæты бонмæ, Дауыты æмдзæвгæтæ, æмбисæндтæ, поэмæтæ мыхуыры цыдысты журналтæ «Зонд», «Мах дуг», «Фидиуæджы», газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Æрыгон болыыевик»-ы, стæй хицæн æмбырд- гæндтæй дæр: 1930 азы — поэмæ «Гоцъи», 1949 азы — аргъау «Аллон-Биллон», 1957 азы — «Уацмыстæ», 1961 азы — «Уæлхох быдыры», 1964 азы — «Æмбисæндтæ». Бирæ ахсджиаг фæрстытæ æмæ проблемæтыл дзырдта Да- уыт йе сфæлдыстады. Бирæ хъуыдытæ æмæ сагъæстæ йæ æнцой нæ уагътой. Æвдыста рухс амонд æмæ сæрибардзинадмæ бæллын («Æй-джиди», «Хурхортæ»), куырыхон лæджы æнувыд сагъæстæ æмæ катай фыдыбæстæйыл («Сидын», «Фарн», «Фæсвæд хæст», «Зæрдæйæ зæрдæмæ ныккæсæнтæ нæй»). Дауыт фыста поэмæтæ дæр («Аллон-Биллон», «Батрадзы кард», «Уастырджи», «Дзыллæйы амонд»). Се ’хсæн сæрмагонд бынат ахсы кадæг «Гоцъи». 141
Нæ ферох кодта Дауыт рæзгæ фæлтæры дæр. Ныффыста сын æмдзæвгæтæ «Мады лолотæ», «Мæ хъæбул», «Мады рæвдыд». Æмдзæвгæ «Мады лолотæ» фыст у авдæны зарджыты жанры традицион æууæлтæм гæсгæ. «Мæ хъæбул» та у мады монолог, мады фæдзæхст йæ сабийæн. Йæ мидисмæ гæсгæ æнгом баст у раззаг æмдзæвгæимæ. Æртыккаг æмдзæвгæ «Мады рæвдыд» фыст у, авдæны ма чи хуыссы, ахæм сывæллонæн. МАДЫ ЛОЛОТÆ Ахуысс, ахуысс, мæ хъæбул, Цыцытæ дын, нанатæ... Амонд махмæ ныззæбул: Цыцытæ дын, гагатæ! Цæй, лоло уал, гæлæбу! Нана цæуы æссивæг... Тагъддæр байрæз, мæ лæппу, Нæ кæндзынæ мын зивæг! Ацу, рувас, уæхимæ, Тæрхъусы та æрсурут... Мах лæппу дæр — нæхимæ... Йæ дидитæ цы курут? Атæх, атæх, хъæрццыгъа! — Нæ кæркдон у къæбицау: Дойнаг дуртæ, нæ дзыгъа, Лæвæрдта дын мæ хицау. Оххай, гормон, нæ туджджын! — Дæ къухæй нын фæдæлдзæх... Сабыр ахуысс, мæ удджын! — Дæ уадындзæн хæтæлдзых. Рауай, Гыгы, гагимæ! — Йæ фыды кой йын ракæн, Не знаг уайы сæхимæ, — Йæхи бынтæ — фæракæн... Авдæн ауз, мæ бæлон, Гæнгæлы дын дæтдзынæн. Æз уæ уындмæ фæбæллон, Такъуындела хæсдзынæн! Фæззæг лæбуры, Мæнæу фæбур и, Цæвæг ныззары, Хъæлæс æвзары. СÆРДЫ Йæ рад нæ халы, — Кæрдынц хъуыдалы. Къæвда нызгъалы, — Сысджы ныккалы. Дымгæ ныууасы, — Кæрдæг ныффасы. Мæ зæрдæ ’мбары — Бæркад хæдзары! 142
ДЗÆБИДЫР Кæрдæг комы — бирæ заддæр, Фæз — нæудзар æмæ хуызджын, Дымгæ ниуы, зилы къаддæр... Боныгон йæ хур — тыхджын. Хъал дзæбидыр хохмæ дары ’Хсæвæй-бонæй ’дзух йæ хъус: Уым нæ зоны уый æлдары, Йе дзы нæй тæппуд тæрхъус. Мигъы цъуппыл, тæккæ рындзыл, Халас адардта йæ сæр. Уад æрбаныдзæвы фындзыл, Раз — æнæбыны къæсæр. Раст йæ бакомкоммæ, дардæй Иннæ фарсы цъупп зыны. Зым ныццарауы йæ зардæй, Цæст йæхи дæр ын уыны... «Уæ, тæхуды ’мæ зым к’ уаин! Цъуппæй-цъупмæ-иу тæхин, Ме ’мдзæбидыртæм ысуаин: М’ амонд-иу сын уæд зæгъин!» РАУАЙ! Хохы рындзæй, сау къæдзæхæй Алырдæм кæсын. Дымгæ ниуы мæм уæлбæхæй, Хауынæй тæрсын. Хъуысы ма мæм комæй зарæг, — Зоны йæ, цыма: «Уæ, мæ уромæг, мæ дарæг! Цæй, кæмдæ?.. Кæм-ма?.. Уарзын адæмы дзæбæхад, Уарзын ноджы дæу: Мауал уæд зæххыл фыдæхад! Рауай, мемæ слæуу!»
МАЛИТЫ ГЕОРГИ (1886-1942) Малиты Гадойы фырт Георги райгуырд 1886 азы 23 октябры Чырыстонхъæуы. 1902 азы каст фæци Махческы дыууæкъ- ласон дины скъола. 1904 азы бацыд Æры- доны семинары цæттæгæнæн хайадмæ, стæй ахуыр кодта семинары. Æртыккаг къласæй дарддæр ын сахуыр кæнын нал бантыст: рæстдзинадыл кæй сдзырдта, уый тыххæй йæ семинарæй аппæрстой. Архайдта ма æндæр скъо- латæм бацæуыныл, фæлæ йæ къухы нал бафтыд. Куыста хъæуы писырæй, ахуыргæнæгæй, кодта зæххы куыст. Зæрдиагæй ар- хайдта, ног цардыл чи тох кодта, уыдон рæнхъыты. 1937 азы йæ æрцахстой. 1942 азы амард хасты. Георгийы сфæлдыстад бæрцæй бирæ нæу. Поэтæн йæ рæс- тæджы рацыд дыууæ чиныджы: «Горские мотивы» (Берлин, 1924) æмæ «Ирæф» (Дзæуджыхъæу, 1935). Йæ уацмыстæй иу къорд уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй рацыдысты Мæскуыйы 1960 азы («Легенды и были»). Малиты Георгийы дыгуронау фыст æмдзæвгæты æмбырдгонд «Ирæф» у ирон литературæйы зынгæдæр фæзындтæй иу. Æмдзæв- гæтæ сты хæдбындур, фидауцджын. Йæ поэзийы сæйрагдæр 6ы- нат ахсынц æфхæрд адæмы уавæр, хуымæтæг мæгуыр адæйма- джы уарзыны мотивтæ («Цъифæ рæстæги», «Гоби», «Дзиддзил»). Æмдзæвгæты лирикон хъайтартæ сты ссæст, дæлдзиныг, æнæ- бон, фæлæ уæддæр сæ бæллиц нæ мæлы. Тохмæ’, сæрибармæ сиды Георгийы «Федог». Æмдзæвгæ æмткæй у символон, фæлæ йæ хъуыдытæ сты бæлвырд. Поэты социалон нысан у: тары сæрибар ссудзын, мигътæ фæсурын, цæ- мæй цард мауал уа хъизæмар. Йæ поэтикон нысан у ныфс æмæ лæгдзинад уарзын, хорз хъуыддæгтæ æмæ арфæйаг æгъдæуттæй æнусон ном скæнын. Бæллиц æмæ катай баиу сты æмдзæвгæ «Тæходуй, æна...»-йы. Лирикон хъайтар æрыгон чызг бæллы дунейы диссæгтæ базо- нынмæ, йæ аивадæй мæгуыртæн æмæ сидзæртæн ныфс раттынмæ. Йе ’хсæнадон идеал у дунейы иумæйаг фарн: уарзондзинад, фидыд, сабырдзинад, хæцæнгæрзты сæфт. Фæлæ чызджы зæрдæ нæ рухс кæны, уымæн æмæ хаты дунейы сæрмæ «тугъ- дон мегъти». Национ æууæлтæ, арф æмæ уæздан æнкъарæнтæй дзаг сты æмдзæвгæтæ «Зар» æмæ «Æлхуйнæ» дæр. Аив æмæ мидисджын сты Малиты Георгийы поэмæтæ. Ам дæр 144
йæ хъайтартæ сты мулкæй мæгуыр, фæлæ лæгдзинадæй æххæст. Поэмæ «Гудзуна»-йы сæйраг архайæг Гудзуна ис фæныкгуызы уавæры, фæлæ йын поэт йæ хуымæтæг сурæты уыны æцæг адæй- маджы, хаты йын йæ курдиат, йæ лæгдзинад. Фольклоры мотив- тæм гæсгæ фыст у поэмæ «Гъонгæси фурт мæгур Мæхæмæт». Автор уарзы æмæ хайджын кæны Мæхæмæты адæймаджы хорз миниужытæй. ,У рæстзæрдæ, куыстуарзон, ныфсхаст, диссаджы фæндырдзæгъдаг. Йæ уынд, йæ хъару æмæ курдиаты тыххæй фæцыд ханы чызг Гиданнæйы зæрдæмæ, фæлге йын уыцы сыгъ- дæг уарзт амонды бæсты адзал æрхаста. Йæ трагеди у социалон быцæуты фæстиуæг. Романтизмы хуыздæр фæткыл амад у Георгийы поэмæ «Те- мур-Алсахъ». Йæ идеалтæ — патриотизм, намыс, сæрибар кæмæн уыдысты, уыцы æнæрцæф, сæрыстыр лæппу фæмард кæсгон æлдæрттимæ тохы. Йæ фæстæ баззад йæ ном, йæ кад, йæ зарæг. Малийы-фырты сфæлдыстады зынгæ бынат ахсы сылгойма- джы трагикон хъысмæт («Кизги зар», «Дзуле», «Скъæвди гъа- рæнгæ»). Поэт нын цы сылгоймæгты фæлгонцтæ ’вдисы, уыдон сты удæй сыгъдæг æмæ уæздан, уындæй — рæсугьд, курдиатæй — æххæст. Фæлæ сæ æхсæнад, фыдæгъдæуттæ æркæнынц æнамонд, трагикон уавæрмæ. Курдиатджын поэты уацмыстæй бирæтæ хаст æрцыдысты сывæллæтты литературæмæ, ахуыр сæ кæнынц астæуккаг кълæ- сты скъоладзаутæ («Тæходуй, æна...», «Федог», «Дзирасгæ», «Ад- тæй рæсугъд догæ», «Мæ тикис»). ФЕДОГ Рохсмæ, фæсевæд, тундзетæ, Рохсмæ цæуетæ æнгом, Нифс, лæгдзийнадæ уарзетæ, Скæнтæ муггагмæ стур ном. Арвмæ мæсуг амайетæ, Хормæ скæнетæ фæндаг, Гъæйтт, зæрдиуагæй уайетæ, Догъи ма уотæ фæстаг! Гъæуагæ, Кæуагæ, — Мæ хæццæ мед къона цæруй. Йе стонги, Йе ’рвонги Æ дортæ, æ къолтæ хуæруй. 10 Ирон лнтературæ сывæллæттæн Тари цæфсæд сæребарæ, Мегъи сорæд æ тунтæй, Цард мабал уæд гъезæмарæ, Зæнхæ райзол уæд рунтæй. Рохсмæ, фæсевæд, тундзетæ, Рохсмæ цæуетæ æнгом, Нифс, лæгдзийнадæ уарзетæ, Скæнтæ муггагмæ стур ном. Йе ’фсесæй Фур десæй, Фур цийнæй аргъæуттæ кæнуй. Йе ’хсæвти, Йе сæвди Фуд фунтæ, зин фунтæ уинуй. 145 МÆ ТИКИС
Тæходуй, æна, Маргъ ку фестинæ, Мæ унгæг къумæй Фæццæйтæхинæ. А дуйнетæбæл Æрцæйзелинæ, Кæми ци дессаг, — Уой басгаринæ... Тæходуй, æна, Ацæмæзау дин Æз ку фестинæ Дессаг фæндургин: Хъазбеги цъонгмæ Исцæйцæуинæ, Дессагон зартæ Æрцæйцæгъдинæ... Уæд еугур дуйне Æримбурд уидæ, Мæ цæгъдтæлтæмæ Æригъосидæ. Кæми ци седзæр, Кæми ци мæгур, — Бауарзионцæ Мæ дессаг фæндур... И фарни тунæ Æрфелауидæ, — Уарзондзийнадæ Æрфедар уидæ. Уæд алли адæм, Уæд алли бæстæ Æркалионцæ Сæ тохæн гæрзтæ. Фал ку не ’ууæндун Æз, мæгур кизгай, Ку нæ рохс кæнуй Мæ кизгон зæрдæ. И дуйней сæргъи И тугъдон мегътæ Æрцæйдарунцæ Сæ тогин тегътæ. Адтæй рæсугъд догæ Мæнæн мæ уалдзæг, — Хизтон æз мæ дзогæ Уæлфахс игъæлдзæг. Дзингатæ зилдæнцæ Мæ сæргъи æд гъæр, Худтонцæ сæ хæццæ Гъазунмæ мæн дæр. Фиудзилитæ павзи Зардтонцæ дзæбæх, — Зæлдæбæл мæ рази Хизтæй, цит, мæ бæх. Нур мæбæл ци ’рцудæй, — Уæууау, мæ фудгол — Фунау ку фæссурдæй Рохс уалдзæг изол. Фиудзилитæн павзи Не ’гъосун сæ гъæр, — Дзингатæ сæ таси Фæцæнцæ цидæр. Не скъæти, æ гъостæ Æруадзгæ, лæмæгъ, — Кæуй æнæ бостæ Йе стонгбæл мæ бæх. ДЗИРАСГÆ Сур-сур кæнуй Дзирасгæ Зæнхи бунæй рæсог. Гъæйдæ, бæлццон, ниуазгæ, Фетинг кæнæ дæ тог!.. Æгас дуне нисгарæ, — Амæн æмбал нæййес, Ниуазæ, цæй, ме ’нгарæ, Фесæфдзæнæй дæ нез...
Цæргæс тæхуй уæлтегъæ, Нискъотт кæнуй фиййау, Кирбадт кæнуй уорс мегъæ Уæлхуæнхти бæмпæгау... Фæйнердигæй цъететæ Зиннунцæ цæндæвæрд, Уæлцъонгитæй æскъетæ Кæсунцæ фур æнкъард... Цума кæнуй мед къозæ Хори хæццæ æннуст, Уоййау зиннуй æрдозæ, Дидигутæй фæлуст. Дæнтти гъæрæй зумæргътæн Не ’гъосун сæ удзæл. Мæ сæнттæ ку нæ фæдтæн, Нæ дæн уæддæр мæтъæл... Сур-сур кæнуй Дзирасгæ Зæнхи бунæй рæсог. Гъæйдæ, бæлццон, ниуазгæ, Фетинг кæнæ дæ тог! БАГЬÆРАТЫ СОЗЫР (1888-1928) & Багъæраты Хъуырманы фырт Созыр рай- гуырд 1888-æм азы 18 июны Чырыстон- хъæуы. Йæ ныййарджытæ нымад уыдысты рæстæгмæ цæрджытыл. Йæ фадæттæ кæй нæ амыдтой, уымæ гæсгæ каст фæци æрмæст цыппаркъласон скъола. Созырæн Японы хæсты фæмард сты йæ дыууæ хистæр æфсымæры. 1908 азы йын йæхимæ дæр фæсидтысты æфсадмæ. Фæлæ бинонтæй рох нæма уыдысты сæ судзаджы зиантæ. Уымæ гæсгæ службæмæ ацæуы- ны бæсты Созыр хъæдмæ алыгъдис. Уым, «иунæгдзинады сагъæ- сты аныгъуылгæйæ», поэт ныффыста йæ фыццаг æмдзæвгæтæ. 1909 азы, йæ фыды мæлæты фæстæ, хæдзары уæз æрæнцадис Созыры уæхсчытыл æмæ йæ здæхын бахъуыдис йæ райгуырæн хъæумæ. Фыццаг дунеон хæст куы райдыдта, уæд æм ногæй фæсидты- сты хæцæг æфсадмæ. Поэты зæрдæ нæ тасыд æцæгæлон хæсты туг калынмæ æмæ дыууæ азы фæстæ йæхи бафæсвæд кодта. Хæсты уæззау цауты нывтæ равдыста, 1915 азы кæй ныффыста, уыцы æмдзæвгæты («Хъазахи нифс», «Къазармай», «Æмбæлт- тæн», «Нæ мæрдтæн» æмæ æнд). 1917 азы, февралы революцийы фæстæ, æрбаздæхт Чырыс- тонхъæумæ. Бацыд парти «Кермен»-ы рæнхъытæм.1919-æм азы Дыгургомы партизанты къордимæ тох кодта Деникины æфсæдты ныхмæ. Йæ царды цы хъизæмæрттæ баййæфта, уыдон ыл фæс- тагмæ æртæфстысты æмæ амард йæ райгуырæн хъæуы. Багъæраты Созырæн йæ царды фæндаг æмæ йе сфæлдыстад æнгом баст сты йæ адæмы цард æмæ сагъæстимæ. Гæдиаты Цо- махъ æй «мæгуырты сæрхъуызой» дæр уымæн схуыдта. Уый 147
фыста, йæхи цæстæй цы федта, кæнæ йын йæ зæрдæ цы агайдта, ахæм хъуыддæгтыл. Поэт йæ фыццаг æмдзæвгæ «Зæрди дуар» ныффыста 1908 азы, фæлæ революцийы размæ йæ уацмыстæй иу дæр мыхуыры нæ фæзынд, æрмæст йæ иугай æмдзæвгæтæ адæмы ’хсæн ахæлиу сты къухфыстæй. 1920 азы газет «Кермен»-ы фыццаг хатт мыхуыр- гонд æрцыд Созыры æмдзæвгæ «Керменистти кувд». Фæстæдæр йæ уацмыстæ фæзындысты газет «Рæстдзинад» æмæ альманах «Зиу»-ы фæрстыл. 1926 азы сæххæст йæ царды стырдæр бæл- лицтæй иу — хицæн чиныгæй рацыдис йе ’мдзæвгæты æмбырд- гонд «Зæрди дуар». Мæгуыр адæмыл сагъæс, æлдæрттæм æнæуынондзинад («Мæ- гурæн гъæздуги фæндæ», «Кувдгæнгутæн»), фыдæлтыккон реак- цион æгъдæутты зианхæссæг тых («Уæлмæрдхуæрнæг», «Рæ- сугъд»), райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад («Нæ бæласæ»), фæллойæн кад кæнын («Курд»), ног цардыл цин кæнын («Уал- дзæг», «Нæ цийни бон», «Нæуæгдзаути æмцуд») уыдысты Созы- ры сфæлдыстады сæйраг мотивтæ. Сæрмагондæй сывæлллæттæн мыхуырмæ бацæттæ кодта чи- ныг «Сувæллæнтти дуйне», фæлæ нæм бæрæг аххосæгтæм гæсгæ не ’рхæццæ. НÆУÆГЗАРÆГÆН Зарæ мин, кафæ мин, Махæн ниббугьзур æй Стур зæрдæ уо. Надæй нæ цар, , Зарæ, мæн арфæ дин, Фал нур æнæ зианæй Стур лæг исо. Зарæ дæ зар. Зарæ, ирæздзæнæ, Тавдзæй дæ хор, Цардæн æвæрдзæнæ Уагæй бундор. КУРД Цард цæуй кустæй аразгæй, Гъæйтт зæгъун. Хъуæлти гъазун ме ’фсæйнагæй, Цъинкк кæнун. Цард ихалдæй, уой æфсонтæй Сонт сайуй. Цъинкк кæнун, мæ рист фæсонтæй Хед цæуй. Хæрдмæ хауй зинги стъæлфæг, Пурх кæнуй. 148
Цох ми бадуй магоса лæг, Финдз тæдзуй. Цард цæуй кусти фадуатæй, Гъæйтт зæгъун. Зунд нæ есун магосатæй, Цъинкк кæнун. ЕУНÆГ Байзадæй еунæг, Дзиназгæ, кæугæ, Уой бæсти зарæг Ку адтайдæ, бæргæ, Косунмæ тухгин, Хуссун нæ уарзта, СÆРДÆ Хори тæфæй лигъз будурти Фонси хезнæ фæббор æй. Фонси къуæрттæ бон-изæрмæ Не схезунцæ нæ донæй. Гъæди хурфи биндзи хуæстæй Гъæддзауи гал æстъæлфуй. Хъиамæтгун лæг е ’фхæлд къохæй Тарст гали сæр æрсæрфуй. Не ’гуæрдæни арф кæрдæги, Зеууæнтти гъæр игъусуй. Сатæги син тъæпæнæги Хуари къумæл имисуй. Иннердигæй мæнæути дæр. Не ’фсæдунцæ кæрдунæй, Жллæх-æллæх, се ’хсирфи гъæр Æнтæфи дæр тухгин æй. Бæлæути къуар бæкъуæлтæмæ, Ку ’ртæхунцæ пæр-пæрæй, Се ’рæмбалдæй сурх мæнæутæ Нигъзæлунцæ гæр-гæрæй. Тохунмæ нифсгин, Æ реу лæвардта. Æ мосмæ фæззæг Тиллæг ку хаста, Фесавдæй еунæг, — Дон æй фæлласта. Бакæсын: Илас Æрнигон «Ахуысс, цæй», «Арфæ», « Дидинæг», «Сидзæр», «Сабитæ».
БАРАХЪТЫ ГИНО (1890-1937) & Поэт, прозаик, публицист, æхсæнадон æмæ рухсадон кусæг Барахъты Фадейы фырт Гино райгуыаци 1890 азы 19 февра- лы Бызы хъæуы. Йæ фыд Текко раджы амард. Фондз сывæллоны баззадысты мады ’вджид. «Схуыстæй уæд надæй» цы нæ бавзæрста йæ сидзæры бонты Гино, фæлæ никуы сцух йæ зæрдæйæ иу бæл- лиц — ахуыры бæрзæндтæ æмæ царды гуылфæнмæ тырнын. Æмæ, кæд уæззау æмæ трагикон уыд уыцы фæндаг, уæддæр ыл Гино кæрæй-кæронмæ фæцыд. Салыгæрдæны райдиан скъола, Æрыдо- ны семинар (1901;, Хъæдгæроны скъола, Мæскуыйы коммерцион институты студент, паддзахы æфсады службæ (1915), Калачы афицерты скъола, Турчы фронт... Ахæм уыд Гинойы царды фыц- цаг хай, йæ рæзæн æмæ лæгау лæг суæвыны рæстæг. Революци æмæ мидхæсты азты Гино æнувыдæй æмæ хъæба- тырæй тох кодта Деникины æфсæдты ныхмæ. XX æнусы 20-æм азты уыд Ирыстоны зылды милицæйы сæргълæууæг. Сабыр царды дуджы Гино йæ бæрнон æхсæнадон куысты æмрæнхъ (газет «Кермен»-ы редактор, Алагиры районы парткомы нымæрдар, НИИ-йы директор) ахсджиагыл нымадта литературон сфæлдыстадон куыст. 1921 азы рауагъта поэтикон уацмысты æмбырдгонд «Ирон зарджыты чиныг», йæхи цыбыр радзырдтæ — «Раздзог» (1921), «Æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ» (1924). Гинойы аивадон курдиат уыдис æппæтвæрсыг. Аив каст ирон фысджыты уацмыстæ, рæсугъд зарыд ирон зарджытæ, хъазыд спектаклты, фыста зарджытæ, мысыд мелодитæ. Поэты фыццаг æмдзæвгæтæ фыст æрцыдысты 1916 азы. Мыхуыры фæзындысты 1917 азы «Ирон газет»-ы. Гинойы поэзи у бæстæйы уавæр, æхсæнадон цаутæ æмæ фæл- лойгæнæг адæмы царды айдæн. Йе сфæлдыстады сæйраг мотивтæ сты сæрибар уарзын æмæ сæрибармæ тырнын, йæ сæрвæлтау цард дæр нæ бавгъау кæнын, цардбæллондзинад Барахъты Ги- нойы сфæлдыстады зынгæ хай сты йæ кадджытæ («Азджериты Куыцыкк», «Уæлладжыры кадæг», «Мæлæт», «Æлдары мæлæт»). Хъæздыг æмæ мидисджын у йæ прозæ («Арæбиаты Гуыргъохъ», «Тауыче», «Аххос», «Бæстырæсугъд» æмæ æнд.). Рæсугъд æмæ æнцонæмбарæн æвзагæй фыст сты Гинойы сы- вæллæттæн фыст радзырдтæ дæр. Фыссæг сæ æвдисы сывæл- лæтты цардæй хицæн цаутæ («Сывæллон», «Дорæ», «Нæма сæ адавтой?»), дзуры сабиты хæлардзинадыл, сырдтæ æмæ фосы 150
тыххæй («Арс æмæ хуытæ», «Хъулон», «Мила», «Минтæ»), сы- вæллæтты зæрдæйы æвзæрын кæны уарзондзинад сæ цыппæр- къахыг хæлæрттæм. СЫВÆЛЛОН Гони, — æртæаздзыд лæппу, — цавæрдæр бæрæгбоны изæр дæлтъурæй бады æмæ кæуындзастæй дзуры: — Б-а-пп-а мы-ын! Сылгоймæгтæ алы къуымты, чи-кæсдæр цырддæрæй æфсна- йынц, сыгъдæг кæнынц сивыртæ, хæрæн дзаума... Лæгтæ абон райсом æрбакодтой хæдзармæ кусæрттагæн уæ- рыкк, æмæ дзы ныртæккæ дæр ма Гони хъазыдис йæхицæн: «Коко мæн у. Мæ Уæрко у...» — Б-а-пп-а мын! — кæуы та сывæллон. Лæгтæй йæ чидæр фæхъуыды кодта: — Ма ку, ма, ныртæккæ дын мæнæ æз дзидза ратдзынæн! — йæхæдæг лæууы фæрсаджы раз æмæ цыргъ кæны кард. Арха- йынц та ноджыдæр сылгоймæгтæ дæр... — Дзидза мын гæуы, дзи-д-дз-а! — Фæлæуу, фæлæуу, — дзуры та лæг, — мæнæ ныртæккæ Уæркойы ахохо кæндзыстæм, æмæ дын æз сгуы ратдзынæн, сгуы, дынджыр сгуы... Гони афтæ ныцъцъæхахст ласта, æмæ бинонтæ се ’ппæт дæр фестъæлфыдысты: — Мæ арт бауазал, йæхи басыгъта сывæллон!.. — Нæ, артмæ хæстæг дæр куы нæ уыд, кæд ыл исты фæхæцыди!.. Дзурынц ноджы бирæ цыдæртæ. Лæппу лæбуры къуыммæ. Зæронд Нана йæ райста йæ къухмæ. Мад цæстызулæй кæсы фæс- дуар къуымæй, сусæгæй зыр-зыр кæны. Дис кæнынц, цы кодта, зæгъгæ, сывæллон. Уалынмæ йæ хæкъуырццæй фæцухи лæппу, айвæзта йæхи æмæ райдыдта мадырдæм кæуын: — Дзыцца, кокойы хохо нæ гæуы! Ратыдта йæхи Нанайы хъæбысæй Гони, базгъордта уæрыкмæ æмæ йыл ахæцы йæ мадырдæм: — Мæн у Уæрко. Нæ гæуы хохо. Нæ гæуы мæн дзидза!.. Бинонты зæрдæтарст фенцой. Уæрыччы бæрзæй æрцахста лæппу, байхъус ис æмæ хъахъ- хъæны бинонты ’рдæм... ÆМБÆЛТТÆ Æгас сыхы чысыл Мыдзоцц æмæ Дзодзыккæй æнæзивæгдæр æмæ хъæлдзæгдæр лæппутæ нæ уыди. Мыдзоцц цæугæ дæр кодта богалы хуызæн, риу размæ хæс- 151
гæйæ. Кæд бæгъæввад уыди, уæддæр йæ къæхтæ рисгæ нал код- той дуртыл дугъы уайгæйæ дæр. Арæх-иу дзырдта афтæ: — Æз иу уафсы мыггаг зонын. Цас ыл фылдæр æмæ арæхдæр цæуай, уыйбæрц бæзджындæр æмæ фидардæр кæны. Сындз дæр дзы нæ ныхсы. Стæй йæ дур дæр нæ тыхсын кæны. Æрмæст пысыра фыдуаг у. Уый уæле уæлфадмæ æвналы. Уый фæстæ уæлфад аных, уæд ыл къуызыртæ рауайы... Афтæ хуыдта Мыдзоцц йæ къахы бынтæ, æмæ-иу сæ февдыс- та уайтагъд, мæнæ, зæгъгæ. Мыдзоцц сидзæр уыди. Йæ фыд раджы амардис. Лæппу йæ зонгæ дæр нæ кодта. Мæгуыр уыдысты, тынг мæгуыр. Бæх дæр сæм нæ уыд, фæлæ-иу доны былтæй æмæ цъыхырыйæ суг йæхæдæг хаста æргъомæй. Мыдзоцц раздæр цыдис йæ мады фæдыл. Йæ фæдджийыл дæр ма йын-иу ныххæцыд. Фæлæ йæм ныр уый худинаг кæсын рай- дыдта æмæ алы ранмæ дæр цыди иунæгæй кæнæ Дзодзыккимæ... Æмæ кæдæм нæ цыдысты: кæсаг ахсынмæ, мугæтæ, æхсæр- тæ, тыртытæ æмæ дзедырджытæ тонынмæ, тæрсытæ æмбырд кæнынмæ æмæ æндæртæм. Стыр бæрæгбонтæ-иу куы уыди, уæд-иу иннæ сывæллæттыл ног хæдæттæ æмæ ног хæлæфтæ уыди, Мыдзоцц æмæ Дзодзык- кыл та нæ. Ацы дыууæ лæппуйы-иу уыцы, сывæллæттимæ куы хъазыдысты искуы, уæд сыл-иу схъæр кодтой: — Æддæдæр, мæ хæдон мын чъизи кæныс! Хъаст кодтой нанайы раз Мыдзоцц æмæ Дзодзыкк, махæн нæй ног дзауматæ, зæгъгæ. Æмæ сын нана дзырдта: — Сымах мæгуыртæ стут, мæгуыртæ, сидзæртæ, нана уæ фæхъ- хъау фæуа. Мæнæ куы сдынджыртæ уат, уæд уæхæдæг кусдзыс- тут æмæ æлхæндзыстут ног дарæстæ! Дыууæ æмбалы уæлдай хæлардæр баисты уæдæй фæстæмæ... Фæлæ иу хатт Мыдзоцц фæрынчын. ^ Дысонæй нырмæ йæ сæр зылди. Цæстытæ дæр-иу дзæбæх нал уыдтой. — Нана, — дзырдта Дзодзыкк йæ мадмæ, — диссаг нæу, Мы- дзоцц куыд нæ зыны! Ныр стыр аходæнтæ куы у! Уый мын знон афтæ загъта, хур куы скæса, уæд дæм дзурдзынæн æмæ та цом тæрсмæ, зæгъгæ. Уæд ныр кæм ис? — Нана дæ фæхъхъау æрбауа, æмæ рынчын куы у, рынчын, Мыдзоцц. Ныртæккæ йæ нана дæр ам уыди. Цу, дæ нывонд фæ- уон, бауай йæм. Кæимæ ма цæудзынæ, уый дын куы амæла, уæд? Дзодзыкмæ афтæ фæкастис, цыма йын исчи йæ буары нуæрт- тæ суанг сæрæй къæхтæм æндæхтæй æрбалвæста. Сæрыхъуынтæ дæр куыддæр базмæлыдысты. Риуы цыдæр сгуыпп-гуыпп кодта. Дзодзыкк дзургæ ницы скодта æппын. Æрмæст æй тагъддæр азгьорын фæндыд Мыдзоцмæ, фæлæ йе уæнгтæ куыддæр фæ- 152
уæззау сты æмæ йын цыма нал æнтыстис размæ, уыйау æм фæ- каст. Уынджы куы фæцæйцыд, уæд йæ цæстысыгтæ иугай калдысты æмæ тарстис, исчи йын сæ куы фена, уымæй. Мыдзоццы мад æддæмæ куы рауадис, уæд дæлбазыр Дзодзыччы федта æмæ йæ куы афар- ста, цы кодтай, зæгъгæ, уæд Дзодзыкк, кæугæйæ, дзырдта: — Цы ма кæндзынæн!.. Æццæй, Мыдзоцц мæлгæ кæндзæн?.. Йæ цæстысыгтæ æркалдысты нанайæн дæр, фæлæ сæ амбæх- ста æмæ загъта: — Нæ-нæ. Чи дын загъта?! Цу-ма, дæхæдæг æм бауай уæртæ. Уæд цырдгомау бауад йе ’мбалы хуыссæны размæ Дзодзыкк. Цæстысыгтæ асæрфта, йæхи худæнбыл акодта æмæ æмбæхст кæуынхъæлæсæй дзырдта: — Мыдзоцц, ма тæрс, нæ амæлдзынæ. Мах нана раст нæ загъ- та. Æз дæ мæлын нæ бауадздзынæн!.. Схъæлдзæг ис Мыдзоцц, æмæ сæ дыууæ дæр дзурын райдыд- той, кæцы ранмæ та цæудзысты тæрсмæ, ацы аз куыд арæх уы- дзæн, æмæ ноджы бирæ æндæр цыдæртæ. Нана æрбаздæхт æмæ хъæлдзæгæй куы федта йæ лæппуйы, уæд дзырдта: ; — Хуыздæр фæуай, Дзодзыкк, мæ рынчыны мын адзæбæх кодта! Æмæ йын уæлибæхы хæйттæ авæрдта. Дзодзыккæн йæ тарстæй йæ зæрдæ хæрын нæма загъта, фæлæ ахъахъхъæдта алырдæм æмæ дзуры: — Нана, кæд уæм суг, мыййаг, нæй, уæд æз дæс æргъомы дæр æрбахæсдзынæн... АРСÆМÆХУЫТÆ Иу лæгæн хъæдрæбын уыди дыргъдон. Дыргъдонмæ фæца- хуыр иу арс. Саста бæлæстæ, хордта дыргътæ. Уæлдайдæр уый бауарзта чылауитæ хæрын æмæ сæ уæлдай тынгдæр саста. Цæ- хæрадоны хицау бирæ æхсæвты нал цыд хæдзармæ, хъахъхъæдта арсы. Иу хатт æмæ йæ дыууæ хатты нæ федта, фæлæ йæм гæрзтæ нæ уыд æмæ йын ницы йæ бон уыд. Тарстис лæг, арс æм йæхи куы æрбаппара, уымæй. Иу хатт йæ лымæн цуанонæй ракуырдта топп æмæ иу мæй- рухс æхсæв сфæнд кодта арсмæ бабадын. Лæгæн йæ чысыл фырт Керым куырдта йæ фыдæй, йемæ йæ цæхæрадонмæ куыд ауагътаид, афтæ. — Мæн тынг фæнды арсы фенын... Æз никуыма федтон æгас арс. Ахон мæ, баба, демæ! — дзырдта лæппу. — Æмæ мæ нæ бахъыгдардзынæ? — фарста фыд. — Бафæраз- дзынæ æгас æхсæв хъусæй фæбадын? Нæ фæтæрсдзынæ? — Бафæраздзынæн, бафæраздзынæн! Нæ фæтæрсдзынæн, акæн мæ æрмæст. 153
— Цæй, хорз уæдæ, — загъта фыд. Ацыдысты фыд æмæ фырт цæхæрадонмæ. Æрдузы фарсмæ æрбадтысты пыхсыты, чылауи бæлæстæм хæстæг, æмæ æнхъæлмæ кæсынц. Алырдыгæй уыдис æнæ хъæр, æнæ цъист. Æрдуз ныррухс ис мæйæ, цъыхыры та уыди аууон. Уалынмæ бæлæстæй иуы бын лæг ауыдта стыр сау цыдæр. Фыццаг æй фенхъæлдта адæймаг, фæстæдæр раиртæста, арс кæй уыд, уый. Арс слæууыд йæ фæс- тæгтыл æмæ ракæс-бакæс кодта цъыхырытæм, къудзитæм. Фыд æмæ фырт ныхъхъус кодтой сæхи. Нал хъуыст сæ улæ- фын дæр. Арс зæрдиагæй сбæлвырд кодта æрдуз. Басмыстытæ кодта уæлдæфмæ дæр. Стæй йæ раззаг къæхтæ сабыргай æруагъта зæхмæ, бацыд бæласмæ æмæ та уым дæр басмыста. Ноджыдæр та слæууыд йæ фæстæгтыл, æрсæрфта бæласыл дзæмбытæ, стæй бæласмæ слæсти æмæ сбадтис иу саггомыл. Абадти сабыр. Ног та аракæс-бакæс кодта æрдузмæ.. Сæр-иу куы иуырдæм, куы иннæрдæм фездыхта. Стæй, — худæг уыдис, худæг, — дзæмбытæй-иу æрбассывта къалиутæ. Фæндыдис æй, чылауитыл-иу куы фæхæст уыдаид. Фæлæ уый æппын йæ къу- хы не ’фтыд: чылауитæ ауыгъд уыдысты къалиутæн сæ тæккæ кæрæттыл. Къалиутæ та лыстæг уыдысты æмæ арсæн йæ алы фезмæлдæй дæр кодтой тасгæ. Фæстагмæ та ног айхъуыстытæ кодта, стæй æваст рацахста дыууæ ставд къалиуы æмæ сæ ныууыгъта. Чылауитæ æргæр-гæр кодтой, цыма их ныууарыд, уыйау. Уыцы тæккæ минутыл бæласы бын ноджы цæйдæр цъæм-цъæм ссыди. Цы уыди уый? Лæг кæсы æмæ уыны: бæласы бын æрбамбырд хъæддаг хуыты æрдонг. Уыди дзы зæрæдтæ, æвзонг хуытæ, стæй дзы фæзынди æгас бал чысылдæр æмæ хъомылдæр хъыбылтæй. Сегас дæр тагъд- тагъд æмбырд кодтой чылауитæ æмæ сæ зыдæй хордтой. Иу-дыууæ хатты ма тыхджын бауыгъта арс бæласы, стæй къа- лиутыл хæцгæ æрбырыд бынмæ. Хуытæ уайтагъд фæцыдæр сты. Арс дис кодта, алырдæм акасти, дзæвгар басмыстытæ кодта зæхмæ, фæлæ дзы иу чылауи дæр нæй. Кæсы, æмæ алфамблайы ничи зыны. Хинымæры бахъуыр-хъуыр кодта арс фыр мæстæй æмæ та ног слæсти бæласмæ. Сбадти æмæ къалиуты æхсæнæй ног хъахъ- хъæны. Хуытæ дæр та ног æваст æрбалæууыдысты бæласы алыварс æмæ, хъоххытæгæнгæ, кæсынц æнхъæлмæ. Арс сæ куы федта, уæд мæстæй схъынцъым кодта. Стæй ног бæласы цонг æрбамбырдтæ кодта æмæ та йæ тынг ныууыгъта. Чылауитæ æркалдысты. Арс, куыд фæрæзта, афтæ цæрдæг æрхызти бæласæй, фæлæ та никуы чылауи, никуы хуы... Смæстджын ис арс бынтон... Æртыккаг хатт ноджы слæсти 154
бæласмæ, ныууыгъта... æрхызтис. Фæлæ та хуытæ, каубыдау, лæууыдысты бæласы алыварс, æмæ та, фыццаджы хуызæн, æнæ- хай баззад арс. Лæг бахъав-бахъав кодта арсмæ. Фæлæ Керыммæ арс афтæ худæг фæкаст фæстаг хатт, æмæ худæгæй ныппыррыкк ласта хъæрæй. Йæ фæдыл ныххудти фыд дæр... Арс ныххоста æмæ афардæг. ЗÆЛИМХАН Уый раздæр уыд, паддзахы дæр куы нæма раппæрстой, уæд. Хæдзардзин адæймагыл нымад уыди Бимбол æгас сыхы æхсæн. Йæ куыст никуы ныууагъта йæ афонæй фæстæдæрмæ. Куысты рагъыл та уыди тынг сæрæн æмæ хъæлдзæг. Куыствæлладæй дæр фæсивæдæй уый хуызæн рог чи акафыдаид, чи ныззарыдаид! Уæд йæ хъæлдзæгдзинад та афтæ уыдис, æмæ адæм бæллыдыс- ты йемæ балцы ацæуынмæ. Фæлæ ноджы хъæлдзæгдæр та фæс- таг заман фæци. Грознайы иу байраг балхæдта, æмæ йын тынг хорз рауадис кусынæн. Бимболы цинæн æппын нæ уыди кæрон. Ноджы йæ бæхыл дæр кæд сæвæрдта ном «Зæлимхан». — Цы? Зæлимханæй зæгъыс? — дзырдта балцы кæнæ куыстмæ фæцæйцæугæйæ Бимбол. — Фынддæс æмæ дыууиссæдз путы цинк? Дзырд дæр ыл нæй! Рогæн сæ аласдзæн! Стырдæр уæрдон хъæдæй никæцы дыууæ галы раласдзысты... Гъо, Зæлимхан! Дзыхъхъы ныххуагæйæ, фæстæмæ нæ кæсы. Амардзæн йæхи, уæддæр йæ уæрдон сласдзæн... Зæлимхан æцæг уыдис домбай. Бæрзонд мæсыг, фæтæн син, ставд къабæзтæ, риу — фæтæн, сæфтæг — фидар... Ахæм аивтæй йæм дау æрхæссæн нæ уыд. — Æгæр æппæлыс дæ бæхæй, — дзырдтой-иу уымæн æмбæлт- тæ. — Бæх дæр, мыййаг, хæйрæг нæу кæнæ машинæйы паровоз; фосæн йæ æгъдау конд у, хицæн у. — Бауырнæд уæ, мæнг нæ зæгъын. Фендзыстæм, мæнæ хъæ- дæй фæстæмæ куы раздæхæм, уæд. Стыр цæрдæгæй архайдта суг æрæфтауц кæныныл Бимбол. Уый зыдта, Зæлимханыл бирæ сæвæрын кæй хъæудзæн, æмæ йæ афойнадыл фæндыд суг æррæвдз кæнын. «Æз равдисдзы- нæн уыдонæн мæ бæхы зыввытт», — дзырдта лæфлæфгæнгæйæ Бимбол. Фæссихор куы фæци, уæд рараст сты хъæдæй æртæ суджы уæрдоны. Разæй цыди Зæлимхан, тынг уæззау ласгæйæ. Уæрдо- ны сæрхъæдтæй ма Бимбол уæлæмæ суагъта даргъ лæдзджытæ. Байдзаг кодта утæппæт бынат ставдцонг сугæй, æмæ хъазуат, тухæнгæнгæ, ласы йæ уæрдон Зæлимхан. Æвзæр суайæн кæм фены Бимбол, уым бадзуры Зæлимханмæ, æмбæлттæм цæстызул даргæйæ: 155
— Гъей, гъей, Зæлимхан, равдис-ма дæхи! Адоны нæ уырны, ды цы дæ, уый! — æмæ бахуды. Ныггуыбыр кодта йæхи Зæлимхан. Ракодта хидызмæлтæ. Тынг уæззау кæй ласы, уый зыны йæ улæфтæй. Æмбары бæх, ахæм æвзæр фæндагыл, ахæм тухæны никуыма фæци Зæлимхан. Фын- дзы хуынчъытæй тæф цæуы, тохынайæ фæздæг куыд цæуа, афтæ. Æгас буар дæр æмулæфт кæны ныр хид æмæ тæфæй. Паровозы хуызæн бæхы алыварс урс мигъ сбадтис фæздæгау. — Тæригьæд у, стыр тæригъæд, уыцы фос, — дзырдта иу æмбал иннæмæн. — Гъемæ бар йæхи Бимболæн. Æдылы у æмæ мары йæ бæхы. Мах цы хъуыддаг ис?! — «Цы хъуыддаг ис» ныхас нæу: дæлæ комы фæзилæны фæс- таг схæцæн кæм ис, уым амардзæн уыцы бæх йæхи... Æмæ йæ уæд ам ныууадзинаг дæ? Зæгъын ын хъæуы, æмæ йæ сугтæй акала. Уый бæрц дыууæ хорз галы дæр нæ аласдзысты. Бæх размæ цæуы, фæлæ, иу хатт куы уа, уæд æнæнхъæлгæ фæхурх уыдзæн. — Цы? Зæлимхан? Уæллæ-гъи, ахæм уæрдæттæ дыууæ дæр аласдзæн, — дзырдта Бимбол,,йæ сугтæй йын куы калын кодтой, уæд. Ныр бæлвырд кодта, бæх кæй бафæлмæцыдис тынг. Улæф- тæй хъуысын байдыдта хъæрзыны хуызæн. Скъуыддзæгтæ код- та улæфг... Къабæзтæ сæхи уагъддæр исын райдыдтой. Иу схæ- цæны раз лæугæ дæр фæкодта Зæлимхан æмæ фæстæмæ ракасти. — Гъе, гъе. Зæлимхан!.. Ау, уый та куыд у?! — афтæ йыл фæхъæр кодта Бимбол фæстæрдыгæй æмæ йæм февзыста ехсæй. Æмæ та ахæцыд Зæлимхан йæ уæрдоныл, тыхтæ æмæ йæ амæл- ттæй фенкъуысын кодта, афтæмæй. Иу схæцæн ма уыдис фæсте — тынг фыдран. Иу цалх-иу ных- хаудта арф дзыхъхъауы, стæй-иу æй иннæ дæр ныййæфта, афтæ- мæй-иу рæтæнæгъдтæ æваст иуæрдæм фесхуыстой бæхы. Чы- сылтыл ма-иу баззадис бæх æнæ фæкæлгæ, уæлдайдæр, æгæр уæззау уæрдон куы уыдис, уæд. Схæцæнмæ куы фæцæйхæццæ кодтой, уæд æмбæлттæ хъæр кодтой Бимболмæ: — Сæрыл ахæц, Бимбол, арæхстгай ныххиз! Бимбол бавнæлдта рохтæм. Уæрдонæн йæ иу цалх куы æрхау- дис дзыхъхъы, уæд фесхуыста Зæлимхан иуæрдæм æмæ ма цæ- мæйдæрты баззадис йæ къæхтыл лæугæйæ. Бимболæн йæхи дæр фæцæйæппæрста... Дыккаг цалх куы ныггæпп кодта дзыхъхъы, уæд та уæрдон бæхы тыхджын фесхуыста иннæрдæм. Фæхъæбатыр кодта йæхи Зæлимхан, фæлæ къах скъуырдта дурыл æмæ зæххыл йæ тъæпп фæцыдис. Йæ хæд уæлвæд ма фæцыдис ноджы иу æнахуыр къæрцц. Уый Зæлимханæн йæ зæнг былыл цæхгæрмæ рæтæнагъ- ды бын фæцис, æрысхуыста йæ уæззау уæрдон, æмæ цæхгæр саст фæкодта агъд. Дурмæ йæ куыд æрæлхъывта уæрдон, афтæ 156
саст агъдæн йе стджытæ ноджы æрцъæл сты. Хуылфы дæр цы- дæр феуæгъд. Ныхъхъæрзыдта бæх... Саст нæма бамбæрста Бимбол. Гузитæ, рагъбос феуæгъд код- та, рæтæнагъдыл схæцыд хæрдмæ, фæлæ йæ нæ фæразы. Лæгъ- стæгæнæгау æм ракæсы Зæлимхан дæр æмæ та æруадзы йæ сæр. Æмбæлттæ куы æрбауадысты, уæд рæтæнæгъдтæ разылдтой иуварс. Бимбол ехсæй февзыста: — Гъей, Зæлимхан! Уый куыд у, уый? Уæлæмæ! — æрцавта йæ ехсæй дæр дыууæ хатты, фæлæ Зæлимханæн цæвæн рантæ фезмæлыдысты, æндæр йæ сæр не схъил кодта. Бимбол куы æркастис бæхы цæстытæм, уæд æм æваст куыд- дæр тарбын фæкастысты. Асгары... ауыны... Не змæлы Зæлим- хан. Хид кæлы... Фæздæг цæуы бæхæй... Зæрдæтахтæй фæс- тагмæ бæхы фындзыл авæрдта йæ къух Бимбол. Нæ улæфы... амардис Зæлимхан... Уæд йæ сæрыл фæхæцыди Бимбол, уæрджытæ ныххоста æмæ йæ кæуыны хъæрæй сарыдтой хъæдрæбынтæ: — Уæуу, Зæлимхан мын амардис! Уæ, мæ хæдзар куыд бабын ис! Цы ма уыдзынæн ныр?! Йæ алыварс лæууыдысты æмбæлттæ, кастысты Зæлимханмæ. Стæй уыдон дæр сæ цæссыгтæ сусæгæй сæрфын байдыдтой. БРЫТЪИАТЫ СОЗЫРЫХЪО (1892-1961) Брытъиаты Ауызбийы фырт Созырыхъо райгуырди 1892 азы 28 декабры Куыртта- ты комы Дæллагхъæуы, цыбыркъух, æва- дат бинонты ’хсæн. Зын æмæ гуыргъахъ уыд Созыры- хъойы цард æмæ ахуыры фæндаг. Æва- датдзинад æдзухдæр цæлхдурау лæууыд йæ размæ. Нæ йæ уагъта йæ зæрдæйы фаг аивазын йæ къабæзтæ. Хъæууон скъола каст фæуыны фæстæ Созырыхъо бацыд Нал- цыччы реалон училищемæ. Зæрдæргъæвд лæппу хорз ахуыр кодта, фæлæ йæ æртыккаг къласы фæстæ ныууагъта æмæ ссыд Дзæу- джыхъæумæ. Бацыд реалон училищемæ. Æнæхæдзар, æнæ ’хцайæ тыхамæлггæ кодта, æртæ-фондз сомыл лæвæрдта хицæн уроктæ хъæздгуыты сывæллæггæн. Уыцы азты райдыдтой йæ фыццаг къах- дзæфтæ сфæлдыстадон фæндагыл дæр. 1916 азы газет «Терчы» фæрстыл фæзындысты йæ фыццаг уацтæ ирон адæмы цардыл, Хе- тæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадыл. 157
Фæлæ ралæууыд 1917 аз. Революцийы зилгæ дымгæ йæ разæй ссывта фæззыгон сыфтæртау адæмæй бирæты. Хаста сæ дунейы алы кæрæггæм. Уыдоны рæнхъыты бахауд Брьпъиаты Созырыхъо дæр... Æрмæст 1923 азы йæ къухы бафтыд йæ фыды уæзæгмæ æрбаз- дæхын. Ног цардарæзтады Созырыхъо уыд зæрдиаг архайæг. Суанг йæ амæлæты бонмæ куыста бæрнон бынæтты: Цæгат Кавказы крайы национ рауагъдады бæрнон нымæрдар, газет «Рæстдзи- над»-ы хайады сæргълæууæг, рауагъдад «Ир»-ы сæргълæууæг, Цæгат Ирыстоны терминологон къамисы æмæ Паддзахадон Нар- ты Комитеты бæрнон нымæрдар... Нæ ныууагъта Созырыхъо йæ ахуыры хъуыддаг дæр. Фæсау- уонмæ каст фæци хуызджын згъæрты институты рабфак, стæй 6а- цыд Ленинграды æвзагзонынады институтмæ (фæстæдæр Ленин- грады паддзахадон университет). Каст æй фæци 1937 азы. Зындгонд уыд Брытъиаты Созырыхъо куыд æвзагзонынады дæсны. Ленинграды университеты ахуыр кæнгæйæ йын зындгонд ахуыргонд академик Л.В. Щерба бахæс кодта ирон æвзаджы фо- нетикæйы фæрстытæ лæмбынæгдæр равзарын. Хæсгонд ын æрцыд В. Миллеры «Ирон-уырыссаг-немыцаг дзырдуат»-ы 3-аг том ре- дакци кæнын дæр. Стыр куыст бакодта Созырыхъо ирон фысджыты уацмысты антологи саразын æмæ йæ мыхуыры рауадзыныл, хорз арæхст тæлмац кæнынмæ дæр. Ратæлмац кодта ирон æвзагмæ æмæ мы- хуыры рауагъта А. Пушкины «Капитаны чызг», Л.Толстойы «Фæ- стаг бал», Дж. Свифты «Гулливеры балц», Б. Стоуны «Томы халагъуд» æмæ æндæртæ. Фæлæ уæддæр Брытъиаты Созырыхъойы ном абон фылдæр баст у сывæллæттимæ. Йæ фыст аргъæуттæ æмæ таурæгътæ мы- хуыры цыдысты (иронау æмæ уырыссагау) хицæн чингуытæй. Хаст цыдысты скъолаты программæтæ æмæ ахуыргæнæн чинг- уытæм («Дзеджы фырт — Дзег», «Рувас — хосгæнæг», «Азауæн райгуырди сауцæст лæппу» æмæ æнд.). Ленинграды уæвгæйæ Созырыхъо бацæттæ кодта æмæ уырыссаг æвзагыл рауагъта йæ аргъæутты æмбырдгонд —«Осетинские сказ- ки». Хицæн аргъæуттæ мыхуыр кодта сывæллæтты журналтæ «Пионер», «Костер» æмæ «Еж»-ы. Бирæ фæндтæ, бирæ хъуыдытæ ма уыди Созырыхъомæ, фæлæ йын сæ мæлæт нæ бауагъта сæххæст кæнын. Амард Созырыхъо 1961 азы. РУВАС - ХОСГÆНÆГ I Тар хъæды, талынг кæмтгыл æмæ уæрæх быдыртыл, сау хæхтыл æмæ урс хæхтыл ахæм цау ахæлиу: «Фыдзæрдæ Бирæгъ, дам, мæ- гуыр Рувасимæ тынг фæхыл æмæ йæ бафхæрдта хæрздзæгъæлы». 158
Сырдтæн се ’ппæтæн дæр уыцы хабар кæд сæ хъустыл æрцыд, уæддæр ын бæлвырд бæрæг ничи ницы зыдта. Сæ хыл цæй фæ- дыл уыд, раст сæ чи уыд, кæнæ зылын, уый бæрæгдзинад дæр ничи зыдта. Алы ныхæстæ, алы койтæ кодтой сырдтæ. Арс, Зыгъарæг æмæ Хъæддаг Хуы уыдысты Бирæгъы фарс. «Хыл Бирæгъ нæ ракъах- таид, фæлæ Рувас. Уымæн йæ хин митæн кæрон нæй, йæ кæрц зыгъуыммæ конд у», — дзырдтой уыдон. Иннæ сырдтæн та сæ хъуыды бынтон æндæрхуызон уыд: «Рувас, — загътой, — кæд цыфæнды хин у, уæддæр фæлмæнзæрдæ у, Бирæгъ та кæддæ- риддæр бирæгъ у æмæ бирæгъæй баззайдзæн». — Искуы ма исчи Бирæгъы цур зылын уыдзæн? — дзырдтой Тæрхъус, Сычъи æмæ Сæгуыт. — Тар хъæдты дæр æмæ хæххон кæмтты дæр, урс хæхты дæр æмæ сау хæхты дæр Бирæгъæй хъыхъхъагдæр сырд нæ разындзæн. Æвæццæгæн, мæгуыр Рувас нæ, фæлæ Бирæгъ у зылын. Хъуыддаг та æцæгдзинадæй мæнæ афтæ уыди. Рувас куы сæх- хормаг, уæд йæ хуынкъæй рабырыди, уæлдæфмæ басмыстытæ кодта æмæ байхъуыста. Тæккæ хъæды кæрон та уыди хъæу. Куы бай- хъуыста Рувас, уæд фестьæлфыди, уымæн æмæ йæ хъустыл ауади карчы хъуыдатт, гогызы дыгъал-дыгъул. Æххормаг Рувасæн ма суанг йæ комдæтгæ дæр æруадысты. Дыууæ боны æмæ дыууæ æхсæ- вы йæ хъуыры хæринаджы мыггагæй æппындæр ницы ацыди. Æххормаг Рувас йæ былтæ асдæрдта, сырх æвзагæй рихитæ адау- дта æмæ къахвæндагыл хъæумæ фæраст и. Хъæумæ куы ныххæццæ, уæд кæсы: хъæугæрон иу хæдзары кæрты кæрчытæ æмæ уасджытæ, хъазтæ æмæ гогызтæ, бабызтæ æмæ цицыртæ хъæр-ахст кæнынц. Рувас айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ цæстыфæныкъуылдмæ кауы сæрты кæртмæ басæррæтт ласта æмæ карк нæ, хъаз дæр нæ, фæлæ дынджыр нард гогыз рацахста æмæ йæ афардæг кодта сау хъæдмæ. Куыйтæ йæ асырдтой, æцæг Рувасыл нал фæхæст сты, фæлæ Бирæгъыл амбæлдысты æмæ йын йæ хъуын ацагътой. Тыхамæлт- тæй ма аирвæзти æххормаг Бирæгъ йæ туг калгæ. Ниуы æххормаг Бирæгъ æмæ къахвæндагыл згъоры. Згъоры æмæ ниуы. Йæ кæнон кæны. Цас фезгъордта Бирæгъ, чи зоны, фæлæ дын бахæццæ иу коммæ. Кæсы: Рувас зæххыл æрдæлгоммæ æмæ нард гогыз хæры. Бирæгъ фæлæууыд. Цæстытæ туджы разылдта. Æмæ та йæ тыхтона митæм бавнæлдта: Бирæгъ гогызыл йæхи ныццавта æмæ йæ уыциу ныхъуырд акодта. Куы йæ аныхъуырдта, уæд дзы Ру- вас дæр ферох, куыйты хæстытæ дæр нал рыстысты. Атылди йæ нуæрттыл æфсæст Бирæгъ æмæ фырхъалæй футтытæ кæны, дæн- дæгтæй цъыкк-цъыкк кæны. Рувас та, фырмæстæй судзгæйæ, йæ цæссыгтæ фæндагыл згъалгæйæ, йæ хуынкъмæ фæци. Цы бакодтаид тыхгæнæгæн, йæ мыггаг сыскъуына! 159
Рувас кæуы æмæ йæхинымæр дзуры: «Багъæца! Абон уа, райсом уа, уæддæр дын уыцы тыхми аф- тæмæй нæ батайдзæн, сырдты рын æмæ фыййæутты знаг Цъæх Бирæгъ!» Гъеуæдæй фæстæмæ Бирæгъ æмæ Рувас кæрæдзимæ хæрам ахастой. Рувасæн Бирæгъ уæнгæлæй уæлдай нæ уыди. Æхсæвæй- бонæй хъуыды кодта, цъаммар Бирæгъы куыд бафхæрон, мæ маст дзы куыд сисон, æнæхъæн сау хъæды бирæгъты мыггагæн дæр сæ зæрдыл куыд лæууа, афтæ, зæгъгæ. , . II ■' ••■ Рувас цæмæ бæллыд, уый йæ къухы æфтгæ дæр бакодта. Хъуыд- даг та мæнæ афтæ уыди: Иухатт дын сырдты паддзах — хъæбатыр Домбай æрсади: сры- сти йæ сæр. Рынчынмæ æрбакодтой сау хъæдты тæккæ хуыздæр æмæ кад- джындæр хосгæнæджы, — Арсы йæм æрбахуыдтой. Арс Домбаймæ æркасти лæмбынæг: байхъуыста йын йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпмæ, федта йын йæ дзæмбытæ радыгай, ныккаст ын йæ хъæлæсмæ, суанг ма йын æрысгæрстытæ кодта йæ къæдзил дæр. Фæлæ низы мьптагæй ницы рахатыдта. Æмæ афтæ зæгъы: — Нæ рынчын паддзахæн кæлмæрзæнæй йæ сæр бабæттут тагъд! Æцæг, — кæлмæрзæн хъуамæ дари уа! — Хорз, дæ рын бахæрон, — дзуры Домбайы ус. Тагъд-тагъд ауад, тулдз бæласы бынæй æрбадавта йæ зæлдаг кæлмæрзæн æмæ дзы йæ лæджы сæр бабаста. Уыйфæстæ Арс загъта: — Паддзахæн рахæссут мыд; мыдæй йæ бафсадут, йæ уæлдай та-иу мæнæн раттут. Домбайы ус къæбицæй иу мæра æрбахаста мыд, сусхъæды дидинджыты тæф чи кодта, ахæм диссаджы мыд. Уыцы мыдæй Домбай бирæ кæм бахордтаид! Æмæ йæ радтой Арсæн. Уæд Домбайы ус фæдзырдта цыппар Тæрхъусмæ. Фæдзырд- та æмæ сын афтæ зæгъы: «,',.•■.. — Згъоргæут цыппар ранмæ: уæ иу цæгатырдæм, дыккаг — хуссармæ, æртыккаг — хурыскæсæнмæ, уæ цыппæрæм та азгъо- рæд хурныгуылæнырдæм. Згъорут æмæ, сырдтæй кæуылдæрид- дæр æмбæлат, уыдонæн фехъусын кæнут нæ паддзахы рынчыны хабар. Не стыр паддзах, зæгъ, у уæззау рынчын, æмæ йæ абæ- рæг кæнут. — Хорз, — загътой Тæрхъустæ æмæ фæгьæбæртт ластой, чи — цæгатмæ, чи — хуссармæ, чи — хурыскæсæнмæ, чи та — хурныгуы- лæнмæ. Згъорынц Тæрхъустæ, хъæр кæнынц: — Хъусут, хъусут, сырдтæ! Хъусут зæрдæриссæн хабар! Хъу- сут цæссыглæмарæн цау: фæрынчын, мæгуырæг, нæ паддзах, нæ 160
хъæбатыр Домбай æрсади! Хъæрзы йæ сæрæй, æмæ йæ абæрæг кæнут! Нæ фехъуыстон мачи зæгьæд! Æмæ сырдтæ ныххæррæтт кодтой сæ паддзахы бадæнырдæм. Рынчынфæрсæг цыдысты сау хъæдтæ æмæ сау кæмтты сырдтæ, алы хуынкъ — алы лæгæтæй, алы къуылдым — алы быдырæй. Алы сырд дæр рынчынæн æрхаста, йæ къухы цы уыд, уый. Цъæх Бирæгъ ын лæварæн æрбахаста тохъхъыл. Нæл Хуы æмæ Дзæргъ æрбахастой гыркъоты голлаг æмæ адджын уидæгтæ иу чыргъæды дзаг, афтæмæй та, сæ паддзах уыдонæй комдзаг дæр кæй не скæндзæн, уый зонгæ уæвгæ кодтой. Лыстæгкъах Сæ- гуыт рынчын паддзахæн йæ сыкъатыл æрхаста цыллæйы хуызæн фæлмæн хосы цъупп: «Лыстæнæн», — загъта Сæгуыт. Сычъи та рынчынæн, диссаджы хорз тæф чи кодта, ахæм дидинджытæ æрхаста уæлхох уыгæрдæнтæй: «Уадз æмæ йын мæ хуынæй скæ- ной баз, кæд тагъддæр адзæбæх уаид», — хъуыды кодта Сычъи. Суанг ма хæмпускъæдзил Æхсæрæг, цъист-цъистгæнаг Мыст, лæгуын Уыры, — уыдон дæр ын æрхастой лæвæрттæ сæ фадатмæ гæсгæ: чи æвзаргæ æхсæрты чыргъæд, чи — уидæгты баст, чи та — паддзахы лæппуйæн хъазынæн алыхуызон дуртæ: цъæхтæ æмæ буртæ, сырхытæ æмæ саутæ. Стыр æнгуз бæласы бын бады йæ паддзахы бандоныл нæ рын- чын Домбай, йæ сæр дари кæлмæрзæнæй баст, барц — рахизыр- дæм æппæрст, къæдзил — галиуырдæм, дзых — лæгæты хуызæн хæлиу. Домбай бады йæ паддзахы бандоныл, уæдæ цы! Йæ цæс- тытæ цъынд, æвзаг æддæмæ ласт, — тыхулæфт кæны йæ тæнтæй. Æппынфæстаг рынчын ракаст йæ цæстытæй æмæ уыны: сырдтæ се ’ппæт дæр йæ алыварс лæууынц, алы сырды мыггагæй дæр минæвар иу. Нæ дзы уыны æрмæст Рувасы. Лæууынц æнкъар- дæй, зæхмæ кæсгæйæ. Уæд Домбай фæрсы йæ усы: — Зæгъ-ма, усай, кæм и Рувас та? — Нæ зонын, нæ зæронд, — дзуапп радта ус. Домбай азылд Арсы ’рдæм æмæ йæ бафарста: — Рувасы нæ федтай, мыййаг? — Нæ федтон, дæ бæрзонддзинад, — дзуапп радта Арс æмæ паддзахæн ныллæг æркуывта. — Ды дæр æй нæ федтай, ссырджын? — Тигры бафарста. — Нæ, никуы йæ ауыдтон абон, — дзуапп радта Тигр æмæ фæлмæн бакасти Домбаймæ. Домбай бафарста Бирæгъы дæр: — Цъæх Бирæгъ, ды йæ федтай, цы? «Гъеныр мæ хъул сах абадти, — ахъуыды кодта Бирæгъ йæхи- нымæр, — уыцы æвзæр фæлитой Рувас мæ йæ ныхтæ ныссагъта, мæ фыдгой кæны, фæхудинаг мæ кодта бирæгъты дзыллæйы ’хсæн. Уый дæр ма ницы, фæлæ мæ куыйтæн кæй бахæрын код- та, уый йын афтæ ныббарон?! Нæ!» — Хъуыды афтæ бæргæ акодта Бирæгъ, фæлæ, йæ зæрды цы уыд, уый зæгъгæ нæ кодта. 11 Ирон лнтературæ сывæллæттæн 161
— О не стыр кадджын паддзах, — райдыдта Цъæх Бирæгъ ныллæг æркувгæйæ. — Абон райсом сыгъзæрин хур хæхты аууонæй куыддæр йæ был сдардта, афтæ æз фæдисы згъорд ра- кодтон дæумæ. Кæсын, æмæ Рувас фæсæпп-сæпп кæны, тындзы кæдæмдæр, йæ дзыхы та — замманай нард Мæга! Мæн куы ауыд- та, уæд Мæгайы æрæвæрдта кæрдæгыл æмæ мæм хъæр кæны: «Згъоргæ, згъоргæ, æдылы къоппа Бирæгъ, дæ рынчын паддзахмæ! О хурты хурзæрин, мæнæ ацы æдылы Бирæгъ æмæ йæ æдылы паддзах цæмæй æрбамæлой, уыцы æххуыс бакæн!» Афтæ скуыв- та, фæлæбурдта та йæ Мæгамæ, йе ’нæуынон бур къæдзил атылдта æмæ йæ хуынчъы смидæг. Уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ Домбай æвиппайды ныббогътæ ласта: — Куыд? Куыд зæгъыс? Ау, æмæ уыцы æнаккаг Рувас куыд уæнды ахæм ныхæстæ кæнын?! Тагъддæр æй æрбакæнут мæ цурмæ! Тагъд! Цæстыфæныкъуылдмæ сырдтæ фæпырх сты тар хъæды Рува- сы агурæг. П1 Сырдтæй Рувасыл æппæты фыццаг Арс амбæлди иу нарæг комы æмæ йын, паддзах куыд смæсты, уый радзырдта. Бирæгъ цыдæриддæр дзырдта, уый дæр ын рафæзмыдта. — Хорз, — загъта Рувас Арсæн, — цом мемæ рынчынфæрсæг. Æмæ дыууæйæ фæраст сты Домбаймæ. Домбай дын куыддæр ауыдта Рувасы, афтæ фырмæстæй ра- фыхти, йæ цæстытæ туджы разылдта, ссыртæ кæрæдзийыл æрцъыкк ласта æмæ ныхъхъырныдта: — Куыд бауæндыдтæ, æнаккаг Рувас, мæн фауын, æвзæр ны- хæстæ кæнын мæн тыххæй?! Мæ фæндон не сæххæст кæнынмæ дæ ныфс куыд бахастай? И? Ныззыр-зыр кодтой Рувасы къæхтæ, фæлæ, тæрсгæ кæны, уый нæ равдыста. Ныллæг æркуывта æмæ афтæ зæгъы: — Куыд хъуамæ ферох кодтаин ме стыр паддзахы! Нæ, рох мæ нæ уыдтæ, дæ бæрзонддзинад, нæ хъæбатыр Домбай! Æз кæм нæ уыдтæн, цы ком, цы къуылдым, цы хъæд, цы быдыр нæ бас- гæрстон, ахæм нал баззади а бæсты: хос дын агуырдтон, мæ пад- дзах, хос!.. — Хос агуырдтай? Мæнæн? Хос, зæгъыс? — ныддис кодта Дом- бай æмæ ма фырдисæй суанг стгæ дæр сцæйкодта йæ бандонæй. — Гъы, æмæ йæ ссардтай? — бафарста Домбай сабырдæрæй. — Ссардтон, де стырдзинад, нæ кадджын паддзах. — Рахæсс-ма йæ ардæм! — ныццин кодта Домбай. Фæлитой Рувас ын цыма йæ ныхæстæ нæ фехъуыста, уыйау дзуры дарддæр: — Згъордтон, згъордтон. Тынг бафæлладтæн. Тыххæй ма лæ- 162
ууыдтæн мæ къæхтыл. Афтæмæй хос нæй æмæ нæй. Згъорын та байдыдтон. Мæ къæхтæ мæ быны дыдæгътæ кодтой. Иучысыл мæ фæллад æруадзон, зæгъгæ, иу бæласы бын æрбадтæн. Æмæ дын мæм бæласы цонгæй Сау Халон уасы: «Хъуахъхъ, хъ-у-ахъхъ! Æз дын хос бацамондзынæн, Рувас. Ды уыцы хосæй рынчын Домбайы сдзæбæх кæндзынæ. Æрмæст, æз куыд зæгъон, афтæ хъуамæ бакæна уæ рынчын. Хъус мæм». «Хорз, хъусын дæм!» — загътон ын. Æмæ мын уæд Сау Халон афтæ радзырдта: «Уæ паддзах фыдзæрдæ Бирæгъы царм растигъæд æмæ дзы йæ сæр бабæттæд. Бирæгъы фыд та мæнæн раттæд ме ’рхъуыдыйы тых- хæй. Домбай афтæ куы нæ бакæна, уæд ын фервæзæн ницы ама- лæй ис». — Афтæ фод! — ныццин кодта Домбай, уыйбæрц тыхджын ныррыхыди, æмæ хъæды сырдтæ се ’ппæт дæр фыртæссæй зæх- хыл æрхаудысты, ставд бæлæстæ кæрдæджы халтау ныррызты- сты, къæдзæхтæ аскъуыдтæ сты æмæ фæзгъæрæй æрлæбырдыс- ты дæлæмæ. Домбай фестад йæ бандонæй, рацахста Цъæх Бирæгъы æмæ йын цæстыфæныкъуылдмæ йæ царм растыгъта, йæхи та йын Сау Халонæн лæвар холыйæн ныззыввытт ласта. Стæй уæд бирæгъдзармæй йæ сæр æртыхта æмæ, куыд зæ- гъынц, афтæмæй æвиппайды адзæбæх. Гъе, афтæ бафхæрдта хинæйдзаг Рувас фыдзæрдæ, æгъатыр Бирæгъы. Гъе, афтæ сдзæбæх кодта Рувас—хосгæнæг рынчын Домбайы. ДЗЕДЖЫ ФЫРТ - ДЗЕГ (Цыбыргондæй) ЗÆРОНД ЦУАНОН ДЗЕГ ÆМÆ ЙÆ ЗÆРОНД УС АЗАУ Куырттаты сау комы, урс хохы рæбын, иу сæгæйдзаг хæдза- ры царди æмæ уыди мæгуыр зæронд цуанон Дзег йæ зæронд ус Азауимæ. Зæронд Дзег цуан кодта Куырттаты сау хъæды, урс хæхты æмæ сау хæхты. Фæцуан-иу кодта бон, дыууæ боны, авд боны, сырдагур-иу фæхылд æрхыты æмæ адæгты, фæндæгтыл æмæ æвæдты. Бафæллад-иу мæгуыр Дзег, фæлæ йын цы гæнæн уыд, — афтидармæй куыд аздæхтаид йæ мæгуыр хæдзармæ. Æмæ-иу æстæймаг бон æрхаста сæгуыт кæнæ сычъи, дзæби- дыр кæнæ арс, æрхаста-иу сæрджын саг, хаттæй-хатт та — хъæд- даг гал дæр. Фæлæ-иу афтидармæй куы æрыздæхти Азаумæ, ахæм бонтæ дæр скодта Дзегыл. Дзег-иу цуаны куы уыд, уæд-иу зæронд Азау та хæдзары баз- зад æмæ йæ лæджы дзауматæ æмпъызта. Æмпъузæн æмпъузæ- ныл æвæрдта æмæ æнхъæлмæ касти Дзеджы æрыздæхынмæ. 163
Гъе афтæмæй æрвыстой сæ зæронды бонтæ Дзег æмæ Азау. Æмæ кæд цыфæнды мæгуыр уыдысты, уæддæр сæ цардæй ни- куы рахъаст кодтой. Фæлæ сын цот нæ уыд, æмæ ууыл тынг тыхстысты. — Хох æмæ быдыры дауджытæ, иунæг сауцæст лæппу нын уæддæр раттут, кæнæ та иу цъæхдзæст чызг! Æлгъыстæй нæ мæрдтæм ма барвитут, нæ мыггаг нын ма сыскъуынут! — куывтой Дзег æмæ Азау. Фæлæ дауджытæм Дзег æмæ Азауы лæгъстæтæ нæ хъардтой æмæ сын нæ сауцæст лæппу лæвæрдтой, нæ цъæхдзæст чызг. АЗАУÆН РАЙГУЫРДИ САУЦÆСТ ЛÆППУ Иухатт та зæронд цуанон Дзег йæ бæх Æрфæныл бабадти, йæ уарт, йе ’рдын, йæ фатдон райста, æрцауыгъта уæззау цирхъ æмæ Азауæн афтæ зæгъы: — Æз цæуын Куырттаты сау хъæдмæ цуаны. Кæд Æфсатийы бафæнда, уæд мæ къухы исты бафтдзæни. Ды та, зæронд, ме ’рцыдмæ дон схæсс суадонæй æмæ сугтæ æрæмбырд кæн. Куыддæр Дзег хъæды аууон фæци, афтæ Азау дыууæ къæр- тайы йемæ айста æмæ къахвæндагыл нарæг комы суадонмæ ныц- цыди. Йæ иу къæрта уазал донæй байдзаг кодта æмæ йæ дурыл æрæвæрдта. Стæй байдзаг кодта дыккаг къæрта æмæ уый дæр иннæйы фарсмæ дурыл æрæвæрдта. Ныр сæ сисон æмæ араст уон куыд загъта, афтæ йæ сæр разылд æмæ йæ цæстытæ атартæ сты. Ныццудыдта мæгуыр ус, йæ къæртаты фарсмæ къæйтыл æрхауд, æмæ йын райгуырди лæппу — сауцæст лæппу райгуырди зæронд Азауæн. Уадзыгæй лæууы Азау суадоны раз. Хур хæхтырдæм фæкъул, æрмæст уæд æрчъицыдта. Сыстади, сывæллоны систа, йæ риумæ йæ æрбалхъывта æмæ ныккуыдта. Фырцинæй кæуы Азау æмæ дзуры: «Хæхтæ æмæ быдыры дауджытæ! Табу, уæ хорзæхæй, нæ зæронды бонты нæ æнæдарæг, æнæуромæг кæй нæ ныууагъ- тат, уый тыххæй». Азауæн йæ зæрдыл æрбалæууыдысты йæ доны къæртатæ æмæ хъуыдытыл фæци: «Ныр нæ хæдзары доны цъыртт куы нæ ис, уæд сывæллоны цæмæй цæхсдзынæн?» Ус стыхст, йæ къæртатæн цы кæна, уый нал зоны. Уæд сывæллон æвиппайды йæхи аивæзтытæ кодта йæ мады хъæбысы, зæхмæ æргæпп ласта æмæ афтæ зæгъы: — Мæт ма кæн, нана! Ды разæй цу æмæ мын фæндаг амон, къæртатæ мæ бар уадз! Ныддис кодта зæронд Азау æмæ йæ лæппумæ дзуры: — Нæ, нæ, мæ хур. Ды нырма чысыл дæ, де уæнгты хъару нæма ис. Куыд сисдзынæ уæззау къæртатæ æмæ сæ ацы нарæг къахвæндагыл уæлæмæ куыд схæсдзынæ? Нæ, нæ, мæ къона! 164
Къæртатæ мæ бар уадз, ды та мæ фæдджийыл хæц æмæ мæ фæ- дыл цу. Фæлæ лæппу йæ мады коммæ нæ бакаст: къæртатæ фелвæста æмæ нарæг къахвæндагыл уæлæмæ азгъордта. Лæппу афтæ тагъд уадис, æмæ йæ Азау æййафгæ дæр нал кодта. — Фæлæуу, мæ зæрдæдарæн, дæ мадмæ! Фыдбылызæн бирæ нæ хъæуы, исты дæ фæрисдзæни, мыййаг, — дзуры йæм фæс- тейы Азау. Лæппу йæм кæсгæ дæр нæ ракодта. Сæхимæ куы схæццæ сты, уæд Азау къонайы арт акодта, уæларт дон авæрдта, хъарм донæй лæппуйы æрæхсадта, æхсы- рæй йæ афсæста, фæлмæн нымæтыл æй æрæвæрдта æмæ йæ æрсдзармæй æрæмбæрзта. Сывæллон куы афынæй, уæд ын зæ- ронд Азау нымæтын дзабыртæ хуыйыныл æрбадти, фæлмæн тæ- бынæй та йын хæдон æмæ хæлаф ахуыдта. Уый фæстæ бæгæны бахсыста æмæ Дзегмæ æнхъæлмæ кæсын райдыдта. Фенхъæлмæ йæм касти авд æхсæвы. Фæлæ уæддæр Дзег зынæг нæй æмæ нæй. Лæппу та афтæ тагъд рæзыд æмæ йыл цыма авд æхсæвы æмæ авд боны нæ, фæлæ авд азы рацыд, уыйау адынджыр. Уымæн æмæ бон уылынг рæзт, æхсæв та — дисны. — Усай, ныр нæ лæппуйы куыд схонæм? Хохы цæрæм, адæмы нæ уынæм, нæхи дæр ничи уыны. Æмæ нын нæ лæппуйыл нæхи йеддæмæ ном чи сæвæрдзæн? — фæрсы лæг йæ усы. — Раст сты дæ ныхæстæ, зæронд, — загъта Азау. — Фæлæ йыл уæддæр исты ном сæвæрын хъæуы. — Цæй, уæд та йыл мæхи нæм сæвæрæм. — Дæу куыд фæнды, афтæ фæуæд, — сразы ис Азау. Афтæмæй зæронд Дзег æмæ зæронд Азау сæ сауцæст лæп- пуйы схуыдтой Дзег. * * * Зæронд Дзег цуанæй куы æрбаздæхт, уæдæй бирæ бонтæ нæма рацыд, афтæ та йæхи рæвдз кæнын байдыдта: цыргъ кæны йæ фæттæ, сырд хуыздæр цæмæй марой, уый тыххæй сыл æфтауы цæргæсы систæ. — Афон мын у цуаны цæуынæн, — загъта Дзег йæ ус Азауæн. — Кæннод æртæ боны фæстæ дæ уæларт цы сæвæрай, уый дæм фыдызгъæл нал уыдзæн. — Хорз, — дзуапп радта Азау. — Æз дын фæндагмæ кæрдзын скæндзынæн, иучысыл та дын саджы фыд ацурдзынæн. Зæронд Дзег æмæ зæронд Азау ахæм ныхæстæ куы кодтой, уæд сæм чысыл Дзег та, даргъ бандоныл бадгæйæ, æнцад хъуыс- та. Ныхас цæуыл у, уый куы бамбæрста, уæд фæгæпп кодта æмæ загъта: — Дада, ды цуаны цæуынæн базæронд дæ. Ныр та æз ацæуд- зынæн Куырттаты сау хъæдмæ. Ды нæхимæ къонайы фарсмæ 165
бад æмæ дæ зæронд стджытæ артмæ тав. — Йæ мадмæ та афтæ дзуры: — Нана, фæсмынæй мын бахуый куырæт æмæ хæлаф, зæн- гæйттæ æмæ цухъхъа. Хъæддаг галы цармæй — æрчъитæ, арсы цармæй та — худ. Ноджы мын фæндаггаг дæр исты ацæттæ кæн. Мад æмæ фыд уыцы ныхæстæм æрæнкъард сты. Стæй зæ- ронд Дзег йæ лæппуйæн загъта: — Ды нырма æгæр чысыл дæ цуаны цæуынæн, арф кæрдæд- жы сырд нæ фендзынæ, искуы фæдзæгъæл уыдзынæ. Дæ къа- бæзты тых нæма ис æмæ саджы мард сисын дæ бон нæ бауыд- зæн. Нæ йæм хъусы Дзег: — Нал мæ фæнды, дада, фæнычы фарсмæ бадын, ауадз мæ цуаны. Уынынц зæронд лæг æмæ ус, сæ фырт кæй нæ басæтдзæн, уый, æмæ йæ уæд фæндагмæ рæвдзытæ кæнын байдыдтой. Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы фæхуыдта Азау йæ чысыл лæппуйæн фæсмын куырæт æмæ фæсмын цухъхъа, стæй фæсмын зæнгæйттæ, æрсдзармæй — худ, йæ фыд та йын хъæддаг галы цармæй фидар æрчъитæ бахуыдта. Лæппу скодта йæ ног дзауматæ, æрбабаста йæ фыды рон, роныл уæззау цирхъ æмæ хъама æрцауыгъта, райста æрдын æмæ фæттæ. Уый фæстæ Æрфæныл саргъ бавæрдта, хордзентæ сар- гъы раззаг гопмæ æрфидар кодта, сау нымæт фæстаг гоппыл æрба- ста, схон, арт æмæ зных та зæнгойы хъусы атъыста. Стæй бæхмæ сгæпп кодта æмæ фæрсы йæ фыды: — Кæдæм фæцæуыс цуаны? Йæ фыд ын загъта: — Нæ хæдзары дуарæй цы къахвæндаг райдыдта, ууыл араст у цæгатырдæм; ма рахизырдæм фæзил, ма галиуырдæм. Æмæ ба- хæццæ уыдзынæ мæ зæронд лымæны æвзист хæдзармæ. Уый дын куыд зæгъа, афтæ-иу кæн. Цæугæ æмæ рæствæндаг у! — Амондджын фæндаг, уæлахизы фæндаг дын фæуæд алцæ- мæй дæр, мæ къона! — бафтыдта ма йæ лæджы ныхæстыл зæ- ронд Азау дæр. Чысыл Дзег Æрфæны æрцъыччытæ кодта æмæ Куырттаты сау хъæды астæуты нарæг къахвæндагыл цæгатырдæм фæраст и... Бакæсын: Агъниан: «Мæ лæвар» (1980) 166
НИГЕР (ДЗАНАЙТЫ ИВАН) (1896-1947) Дзанайты Уасилы фырт Иван (Нигер) райгуырд Нары комы, чысыл хæххон хъæу Сындзысæры 1896 азы 2 ноябры. Йæ са- бийы æмæ ’взонджы бонтæ арвыста зын, æвадат æмæ тызмæг царды уавæрты. Уым сфæлтæрдтой йæ зондахаст æмæ йæ мид- дуне, равзæрд æмæ сфидар йæ удыхъæды этикон æмæ психологон бындур. Уый бæл- вырдæй зыны канд йе ’ппæт сфæлдыстады нæ, фæлæ рæзгæ фæл- тæрæн — сабитæн æмæ сабитыл цы æмдзæвгтæ ныффыста, уыдо- ны дæр. Нымæцæй æмæ бæрцæй кæд бирæ не сты, уæддæр зынгæ бынат ахсынц йæ иннæ уацмысты ’хсæн. Ис сын стыр хъомыла- дон ахадындзинад. Нигер — ног дуджы поэт — йæ хъуыдытæ, йæ бæллицтæ кæд- дæриддæр баста ног цардарæзтад æмæ суинаг фæлтæримæ. Йе ’мдзæвгæ «Сывæллонмæ»-йы мад дзуры йæ авдæныккон сабий- æн царды рæсугъддзинæдтыл, нæ дзы сусæг кæны йæ ныхмæ лæудтытæ дæр. Цæттæ йæ кæны царды даргъ æмæ зын фæн- дагмæ. Фæнды йæ, цæмæй дзы æрцахса аккаг бынат. Сабитæн уарзонад, суинаг фæлтæрæн зæрдæйы фæндийæгтæ æрвиты поэт йе ’мдзæвгæ «Сабитæн»-ы. Æмдзæвгæ арæзт у фарст- дзуаппы хуызы — хистæртæ фæрсынц кæстæрты. Фæрстытæ сты иуцасдæр риторикон, уымæн æмæ хистæртæ зонынц, царды се ’нхъæлцау, сомбон — сæ дарджытæ æмæ ныгæнджытæ сабитæ, кæстæртæ кæй сты, уый. Уыдоны райдзаст, амондджын царды сæрвæлтау тох æмæ фыдæбон кодтой цæрæнбонты, æмæ сын арфæ кæнынц: Махæп цы нæ бантыст, — Бантысæд уын! Стыр аргъ кæны поэт фæллойæн, зоны йын йæ ахадындзинад хъомылады. Уайдзæф кæны, фæсивæдæй магусайæ цæлуарзаг чи у, уыдонæн («Дзылы»). Нигер арæхстджынæй пайда кодта аргъæуттæ, таурæгътæ æмæ Нарты кадджытæй. Адæмон сфæлдыстады уацмысæн-иу райста æмæ спайда кодта куы йæ сюжетæй, куы йæ поэтикæйæ, куы та йæ идейон-эстетикон миниуджытæй. Ахæмтæ сты «Уæхæтæджы фырт чысыл Гуыйман», «Сатай-хан», «Æмзораты чысыл Æмзор», «Дзылаты рæсугъд», «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау» æмæ æндæртæ. Кадæг «Уæхæтæджы фырт чысыл Гуыйман»-ы поэт ныхæй- 167
ныхмæ æвæры иуæрдыгæй — сыгъдæгзæрдæ, раст æмæ тыхджын адæймаг, мæгуыр фæллойгæнæг Гуыйманы фæлгонц, иннæрды- гæй — мæнгард æмæ хинæйдзаг, фыдзæрдæ Хъасболы фæлгонц. Адæймаджы мæнгард æмæ фыдзæрдæдзинад Нигер равдыста йæ поэмæ «Сатай-хан» æмæ йæ «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау»-ы дæр. Сæ сæйраг хъуыды сын зæгьæн ис ирон æмбисондæй: «Фыдлæг æмæ фыдбон бирæ нæ хæссынц». САБИТЫЗАРÆГ Уалдзæг æрцыди, хъазы, Хур нæм йæ тынтæ уадзы — Батав нæ, батав дзæбæх! Хъæдбынæй мæргътæ зарынц, Хъæлдзæгæй дæттæ уайынц, Дидинæг фестади зæхх. Атахти, нал зыны сынт, Уæртæ гæлæбу фæзынд — Уалдзæджы хъæбул — сæнт сырх. Уалдзæгæн зарæг зарæм, Уалдзæджы буц ном арæм — Уалдзæгæн йе ’рттивгæ дыргъ... Уалдзæг æрцыди, хъазы, Хур нæм йæ тынтæ уадзы, Батав нæ, батав дзæбæх! ЗÆРВАТЫКК Ратæх, зæрватыкк, ныллæгдæр, Азар фисынæй дæ зарæг. Уалдзæг нæм фæци хæстæгдæр. Зæрдæ нал агуры хъарæг. Ды куы фæзыныс нæ бæсты, Уæд мæ тыхст зæрдæ ныххуды. Ратæх, ратæх-иу мæ рæзты, Азар, барæвдау рыст уды... Ды мæ тыхдæттæг дæ хохы: Æз куы фехъусын дæ зарæг, Уæд уæлахиз кæнын тохы Цардимæ, мæ ныфс, мæ дарæг...
Арвæй мæм æрцу ныллæгдæр, Акæн фисынæй дæ зарæг. Демæ ком вæййы уæрæхдæр, Зæрдæ нал фæкуры хъарæг. ДЫУУÆ ЗÆРВАТЫЧЧЫ ÆМÆ ДЫУУÆ СЫХАДЖЫ АРГЪАУ Сæрд рæстæй æмæ хæларæй Арвыста йæ рад нæ бæсты Æмæ аивгъуыдта, ацыд. Хур дзæвгар-дзæвгар куы ахатт, Æмæ бонæй-бон мынæгдæр Райдыдта кæнын йæ зынг цæст, — Нал тавы, куыд тавта, афтæ; Сабыргай ма хилы арвыл, Раст фæллад бæлццоны хуызæн. Уазал дымгæ уайы тигътыл, Мигъты комрæбынтæм суры, Сур цъæх мигътæ хъæутæм уайынц. Уый — æрбырсы фæззæг, фæззæг! Мигъ йæ бæх у, уад — йæ улæфт. * Алчи дзы йæхи æфснайы. Калм ныттымбылтæ ис арф ран; Хæфс дæр хъуынайы ныллæсти, Дуры бын йæхи нымбæхста. Арс йæ хуыккоммæ фæцыди Æмæ дзы йæ дзæмбы сдæрдзæн, Афтæмæй æрвитдзæн бонтæ. Мæргътæй бирæ атахт дардмæ, Хъарм бæстæм сæхи фæистой Уалдзæджы æрцыдмæ тæккæ! Фæлæ иу зæрватыкк кауыл Бады: уазалы ныргъæвсти, Ихæнæй, бецау, куы ризы. Галиу базыр ма ысцæгъды, Фæлæ рахиз базыр михыл Баззади, кæс-ма, зæбулæй.
Асæрды йын æй йæ хъалæй Иу фыдуаг лæппу ныссаста, Æмæ нал у, нал, тæхынæн! Бады кауы михыл, цъиты, Уазал сæлфынæг æй домы, Схуылыдз ис, бецау, æгасæй, Хатгай ма йæ тыхст, йæ рыстæй «Цъипп-цъипп», зæгъгæ, афтæ скæны Саст æмæ уынгæг хъæлæсæй. Уалынджы дын мæнæ уынджы Иу хъæддзау æрцæуы хъæдæй Суджы уæрдоны сæр бадгæ. Æмæ зæрватыччы уасын Айхъуыста куыддæр æгъдауæй, Баурæдта тагъд йæ бæхы. Хъусы хъæддзау лæг лæмбынæг, Уæдæ цымæ уыцы тыхст уаст Чердыгæй цæудзæни, зæгъгæ. Хъусы ’мæ кæсы фæйнæрдæм Æмæ уайтагъд зæрватыччы Ауыдта уым кауыл бадгæ. Рахызтис йæ сугты сæрæй, Бацыди сындæггай каумæ, Састбазыр тыхст маргъы размæ. Зæрватыкк, бецау, фæтарст, «Цъипп-цъипп», зæгъгæ, скодта тынгдæр Базмæлыд, йæхиуыл схæцыд. Атæхынвæнд æм бæргæ уыд... Фæлæ кæм — фæиртæст михæй Æмæ каурæбынмæ ’рхаудта. Лæг куы федта ’намонд маргъы, Уæд ысуынгæг ис йæ зæрдæ, Дзуццæджы æрбадт йæ разы. Арæхстгай йæ систа зæххæй Æмæ йæ фæлмæн рæвдаугæ Бакодта йæ кæрцы роны.
Рараст ис, æрцыд сæхимæ Хъæддзау лæг; йæ бæхы суагъта, Бафснайдта йæ, базылдис æм. Бацыд хæдзармæ. Йæ ронæй Райста зæрватыччы ’мæ йын Бабаста дзæбæх йæ базыр. Хъарм ран ын бынат ыскодта. Дон, хæринаг ын йæ разы Цæвæрдта, куыд æмбæлд, афтæ. Мад йæ рынчын сывæллонмæ Куыд зила, гъеуый хуызæн æм Зылд æгас зымæджы дæргъы. Байгас ис йæ базыр маргъæн, Сдзæбæх ис æмæ хъæлдзæгæй Хъазын райдыдта йæхицæн. Уалынмæ æрцыди уалдзæг. Цъиутæ хъарм бæстæй фæстæмæ Райдыдтой тæхын фæд-фæдыл. Зæрватыкк дæр дын æддæмæ Сабыргай тæхын куы систа Æмæ йе ’мбæлттыл æмбæлди. Лæджы хæдзары дын ахстон Скодта зæрватыкк йæхицæн Æмæ дзы къуыртты ныббадти... Сæрд та аивгъуыдта, æмæ Мæргътæ хъарм бæстæм тæхыныл Систы, уæдæ ’ндæр куыд вæййы! Иубон куы уыдис, уæд мæнæ Зæрватыкк йæ ахстоны раз Сбадт, цъыбар-цъыбур куы кæны. Цыма «цæй, хæрзбон, мæ фысым!» Зæгъгæ, зæгъы, раст гъеуыйау. Лæг æм хъусы ’мæ нынкъард ис. «Цымæ мæ нæ ферох кæндзæн Фидæн уалдзæгмæ мæ уазæг?» — Дзуры мæгуыр лæг йæхицæн. 171
«Цæй-ма, бавзарон — бæрæг ыл Скæнон!» — æмæ йын сырх æндах Бабаста дзæбæх йæ къахыл. Атахт зæрватыкк, æмæ дын Лæг хъыг кæнынтæ куы сисид, Растæндæр цыма йæ хъæбул, Й’ ахсджиаг хъæбул, дард балцы ис, Уыйхуызæн. Къуыри дæргъы йыл Нал хæцыд хуыссæджы цъынд дæр. Зымæг ыл ныддаргъ ис лæгыл: Ахæм даргъ зымæг ыл никуы, Никуыма ыскодта царды! Фæлæ ацыди йæ рæстæг Зымæгæн. Æрцыд та уалдзæг, Хъарм уалдзæг æрцыди мæнæ! Мæргътæ та тæхынц фæстæмæ. Зарынц зарджытæ; сæ зардæй Бæстæ схъæлдзæг ис æгасæй. Зæрватыкк дæр дын куы ’ртæхид Æмæ уыцы ’мраст йæ фæндаг Лæджы хæдзармæ куы скæнид! Абадт й’ ахстоны къæсæрыл, Фароны ахстоны былыл Æмæ сцъыбар-цъыбур кодта. Цыма дард бæсты хабæрттæ Дзырдта мæгуыр лæгæн тагъд-тагъд, Уыйхуызæн уыдис йæ бакаст. Лæг куы федта зæрватыччы, — Базыдта йæ ’ндахмæ гæсгæ, — Уæд хæрдмæ фæхауд фырцинæй, Ахстоны цурмæ фæуади Æмæ «дзибæ! дзибæ», зæгъгæ, Дзуры худæндзастæй маргъмæ. Зæрватыккæн дын йæ дзыхæй Цавæрдæр мыггаджы гага Лæджы размæ уæд куы ’рхауид. 172
Дисгæнгæ йæ систа зæххæй Уыцы гага лæг йæ къухмæ Æмæ кæртмæ ахызт, ацыд. «Цымæ ай цы уа?» — зæгъгæ, дын Цæхæрадонмæ фæуади Æмæ гага уым ныссагъта. Иукъорд боны рацыд, афтæ Гага ’взар ысуагъта зæххæй, Насгæрдæджы хуызæн æвзар. Рацыди та цалдæр боны, Æмæ уыцы ’нахуыр æвзар Дидинæг æфтауын систа. Дидинæджы бынаты та Ноджы иукъорд боны фæстæ Уæд æнахуыр нас куы ’рзаид. Æмæ дын нæрсын куы сисид Уыцы нас уæд бонæй-бонмæ, Стыр куы ныннæрсид, хæрз дынджыр. Ныр цæттæ уыдзæни, зæгъгæ, Иуахæмы лæг амалтæй Насы батылдта йæ кæртмæ. «Цымæ ц’ ад кæндзæни? Цæй-ма Сфыцон дзы уæд та ныртæккæ», — Загъта лæг йæхинымæры. Фæрæтæй æрцавта насы. Нас фæсаст, æмæ йæ хуылфæй Ракалди сыгъзæрин æхца. Хабар уайтагъд хъæуыл айхъуыст, Æмæ адæм мæгуыр лæгыл Байдыдтой æмбырдтæ кæнын. * * * Иу сыхаг уыд мæгуыр лæгæн, Хуынд Гæдо — хæлæг чи уыдис, Ахæм саузæрдæ адæймаг.
Уайтагъд мæгуыр лæджы уæлхъус Февзæрд уый дæр иннæтимæ Ронбæгъд æмæ худайстæй. Сыгъзæрин æхцайы кæри Ирд тæмæн калгæ куы федта, Уæд фырхæлæгæй ысрызтис. Афæлдæхт цъæх-цъæхид иууыл, Ма мæ бамбарой, зæгъгæ, дын Лæгæн арфæтæ куы кæны. Арфæтæ кæны былæлгътæй, Фæлæ мидæгæй йæ зæрдæ Уадзы арт, цъæх арт, хæлæгæй. Нал фæлæууыд æмæ лæджы, Раст, æнæхин мæгуыр лæджы, Афарста Гæдо æвиппайд: «Ахæм хæзна насы мыггаг Чердыгæй бафтыд дæ къухы, Уый мын зæгъ, мæ уарзон сыхаг!» Мæгуыр лæг дæр ын йæ хабар Радзырдта кæрæй-кæронмæ... Ацыдис Гæдо сæхимæ... Фæззæджы дын бавдæлди ’мæ Иу зæрватыккæн йæ базыр Дурæй асаста йæ кæрты. Фелвæста йæ, хæдзармæ йæ Бахаста. Йæ базырмæ йын Зилын байдыдта. Фæзылд æм. Бадзæбæх ис маргъы базыр. Фæлæ бадт уæддæр æнкъардæй, Рызт æфхæрдхуызæй æрвылбон. Хины рæвдыд-иу æй кодта Саузæрдæ лæг иуæй-иу хатт, Хорз хæринаг ын лæвæрдта. Фæлæ зæрватыкк йæ сæрыл Никуы схæцыди уæлæмæ Тас зымæг-зымæджы дæргъы. 174
Уалдзæг ралæууыди, мæргътæ Райдыдтой тæхын фæстæмæ, Бæстæ схъæлдзæг ис æгасæй. Зæрватыкк æддæмæ ратахт, Йе ’мбæлттимæ фембæлд уынджы, Семæ ратæх-батæх систа. Ахстон скодта хорз йæхицæн Раст Гæдойы рудзынджы сæр, Уым-иу бадт æхсæв, къæвда бон... Фæззæг та æрцыди мæнæ. Зæрватыккæн дæр йæ зæрдыл Хъарм бæстæм тæхын æрæфтыд. Иубон куы уыдис, уæд бады Й’ ахстоны ’мæ нал æнцайы, Нал, цъыбар-цъыбур куы кæны. Хъусы йæ Гæдо. Хуыздæрæн Раджы сцæттæ кодта маргъæн Уый зæлдаг æндах йæ къахæн. Радавта йæ ’мæ йæ ’рбаста Зæрватыччы къахыл уайтагъд, Стæй йæм дзуры мæнæ афтæ: «Цу, тæхгæ, мæ хуры чысыл, Æмæ-иу мын рагуалдзæджы Хорз мыггаг æрхæсс, хъус, демæ, Мæнæ мæгуыр лæгæн цавæр Хорз хæзна мыггаг æрхаста Зæрватыкк, раст ахæм мыггаг...» Атахт зæрватыкк йæхицæн Дард хъарм бæстæм, уым фæцарди Уалдзæгмæ, куыд æмбæлд, афтæ... Уалдзæг ралæууыд. Гæдо дын Рагацау йæ кæрты кæрон Хуым ысцæттæ кодта рæвдзæй. Каст æнхъæлмæ: абон — райсом Зæрватыкк æртæхдзæн дардæй Æмæ йын мыггаг æрхæсдзæн...
Уалынмæ дын уæд æцæгдæр Зæрватыкк æртахти мæнæ, Абадт й’ ахстоны ’мæ уасы. Бауади Гæдо йæ размæ, Æмæ йын æнахуыр мыггаг Маргъ æрæппæрста йæ цурмæ. Фестад цъил Гæдо фырцинæй: Мыггаджы нæмыджы тагъд-тагъд Кæртмæ раскъæфта йæ къухы. Уым æй конд хуымы ныссагъта. Цас рацыд — нæ зоны, фæлæ Мыггаг равзæрд, цъæх ысдардта. Зилы йæм Гæдо дæр рæвдзæй; Рувы йын йæ алывæрстæ, Дон ыл уадзы ’хсæвæй-бонæй. Æвзар рæзы æмæ рæзы; Насы, нахуыр насы хуызæн Сси æмæ нæрсынтæ систа. Нал æй уадзы уæгъд нæ Гæдо — Бон йæ алфамбылай зилы, Фесты йæм æхсæв йæ уатæй. Нас нæрсы, нæрсы фæйнæрдæм! Иукъорд боны рацыд, афтæ Къутуйæ дынджырдæр фестад. «Ныр, бæлвырд, цæттæ уыдзæни», — Зæгъгæ, афтæ йæм йæ зæрдæ Дзурын райдыдта Гæдойæн. Бахъавыди тар æхсæвмæ, Тынг мæйдар, талынг æхсæвмæ: Тарст уынæгæй, æмæ уымæн. Гъа ныр схуыссыдысты, Афтæ рацыди йæ кæртмæ Æмæ насы ралыг кодта. Тулы йæ хъæдын мæцъисæй Æмæ йæ тыхтæй-амæлттæй Батылдта йæ фæскъонамæ.
Фырцинæй цы ракодтаид, Уымæн ницыуал æмбæрста Зыд æмæ кæрæф гæбæр лæг. Цæстытæ ныхъхъоппæг ысты, Уæнгтæ ризынц, зæрдæ стæлфыд Æмæ риссы цины рыстæй. Нал хъæцы Гæдо æрхъæцмæ: «Цæй æфснайон тагъддæр æхца», — Дзуры хинымæры афтæ. Иу дынджыр чырын æм уыд. Бауадис æмæ йæ тагъд-тагъд Къуымæй насы цурмæ ’рдавта. Бакаст насмæ, чырынмæ дæр. «Ам нæ бацæудзысты ме ’хца». — Ахъуыды кодта нæ Гæдо. Къуыммæ та фæуад æмæ дзы Иу хъуынджын дзæкъул æрдавта, Рифтаджы зæрæдтæ ноджы. Райста кард — дынджыр цыргъ дана (Марадз-зæгъ, æмæ фæрæтæй Бауæнда лыг кæнын насы: Тарсти, зæгъгæ, сыгъзæринтæ Зæхмæ ’ркæлдзысты гæр-гæрæй, Æмæ йæ фæуыдзæн зонæг). Кардæй хъавгæ-хъавгæ насы Дзуарæвæрд хæххытæ ’ркодта Раст йæ сæрæй суанг йæ бынмæ. Æмæ... мæнæ диссаг, диссаг: Насы цъар дын змæлын систа, Стæй цыппар дихы куы фæци Æмæ рахаудта тымбылтæй Сау залиаг калм йæ хуылфæй: Базмæлыд уылæны змæлдау. Фелвæста йæ сæр уæлæмæ, Басыф-сыф кодта дымгæйау, Комхæлиу, æвзагæлвæстæй; 12 Ирон Л1гтературæ сывæллæтпен 177
Айвæзта йæхи бæндæнау Æмæ атыхсти Гæдойыл, Уайтагъддæр æртыхст Гæдойыл. «Уæуу!» — зæгъгæ, ныцъцъæхахст ласта Зыд, кæрæф Гæдо фыртарстæй, Ацъæх ис — цæсгомæй, къухæй. Къæхтæй ма бæргæ архайдта, Фæлæ йæ нылхъывта сау калм Æмæ йæ куы ныххурх кодта... Уыдон æрцыдмæ дзæбæхæй, Амондæфсисæй, фæцæрут! Аргъау-чъиппа дæр сымахыл. УÆХÆТÆДЖЫ ФЫРТ ЧЫСЫЛ ГУЫЙМАН (Дыгуроп таурæгъ) Уыд ма фынафон... Уæлыйау арвыл Тæмæнтæ калдта Æмæ худт Боброн, — Йæ хуыссæн афтæ Фæуагъта хъармæй Гуыйман цæхæрцæст. Хызын — йæ фарсыл, Æрчъитæ — къæхтыл, Йæ уæнгтыл — цухъхъа, Сæныкдзарм — худæн. Хъыримаг ифтонг Æфтыд йæ уæхскыл, Йæ фарсыл — хъама, Лæдзæг — йæ къухы, — Гъе, уый — йæ фæлыст. Фæраст ис хохмæ, Сычъи, дзæбидыр Цæгъдынмæ хохмæ Гуыйман фæраст ис. Æмбалæн йемæ Уыдис хуыздæрæн Йæ иунæг æрдхорд Хъасбол, мæнгард лæг. Уыд ноджы йемæ Йæ куыдз цуанон, — Силæм къуыбырхъус. Хур сæмбæлд хæхтыл, Тæмæнтæ калы Рæууон, рæсугæй Бæрзондæй цъити. Æрттивынц хуыртæ Æртæхæй дардмæ, Æхситтæй зарынц Рагъ, рындзтæй зымтæ. Фæцæуы дагъы Хъасбол уæлæмæ, Гуыйман дæр цъассæй Фæлгæсы рындзтæм... О, мæнæ диссаг: Куы нæ ис бæстыл Æппындæр асæст, Йе мигъы сау цъупп, — Уæд арв куыд нæры, Куыд нæры хохы? Йæ цæхæр афтæ Куыд кæлы рындзтыл?! Уый арв нæ нæры: Фæлдахы сырдты Йæ хъыримагæй Гуыйман, чысыл лæг...
* * * Уыд бон йæ тынгыл. Физонæг кодта Сычъийы фарсæй Гуыйман цæхæрцæст. Хъæлдзæгæй зарыд, Æнхъæлмæ касти, Æнхъæлмæ касти Гуыйман Хъасболмæ. Æрцыд фæстагмæ Афтидæй уый дæр. Сырх туджы зилы Йæ цæсгом иууыл. — «Фæуадз уал сихор, — Гуыйманмæ дзуры, — Кæс, далæ дагъы, — Дзæбидыр дзугтæй!» * * * Фæуади рындзмæ Гуыйман цæхæрцæст; Кæсы, ’мæ дагъы Æппындæр ницы. — «Сæрæй, нæ зынынц, — Хъасбол та дзуры, — Хæстæгдæр бахиз, Цæй, тагъддæр рындзмæ; Æз дыл хæцдзынæн — Æри дæ фæдджи...» Дæлæмæ рындзæй Фæлгæсы дагъмæ, Фæлгæсы дагъмæ Гуыйман цæхæрцæст. * * * Йæ тых, йæ бонæй Нысхойы рындзæй Мæгуыр Гуыйманы Мæнгард Хъасболат. Дæ фыдгул афтæ: Ныммур ис комы, Ныммур ис къæйтыл Гуыйман цæхæрцæст. Æрмæст ма иу хъæр Фæцыди дардæй: «Мæ номхæсс ау, Силæм — мæ уарзон, Фæу хъæргæнæг Ды тагъд мæ мадмæ, Ыстæй Хъасболæй Мæ туг дæр агур».. * * * Зылд хæхтыл уддзæф, Рæууон, рæсугæй, Ыстæй тыхдымгæ Фæзынд йæ бæсты, Уый цъити уайтагъд Мæстæй ыссыгъди Мæнгарддзинадыл. Дымгæ — йæ улæфт. * * * Æрбадти дурыл Хъасбол мæнгард лæг. Йæ сæры зилынц Хъуыдытæ ахæм: «Гæвзыкк, мæгуырæй Фæцард йæ куырм фыд. Йæ мад сылыгур Цыди мæ мадмæ. Фыдæй-фыртмæ дæр Сæныччы хъусæй Туг никуы суагътой. Æртæ сæбæччы Зæд, дуаджы номыл Сæ къæй нæ федта, Уæддæр Æфсати, — Мæ куыдз — йæ нывонд, Йæ фосæн фосгæс Гуыйманы кодта. Хъаруйæ — йе ’мдзаг — Мæн къахдзæф кæнын Нæ уагъта цуаны Гуыйман æппындæр... — Ныр хуысс уым комы, Ныххау дæлæмæ!
Хуыр, дур — дæ ингæн, Æртæх — дæ мæрддзаг. Ныххæрдзæн рувас Дæ хъустæ ахсæв, Дæ цæст дын сау сынт Ыскъахдзæн райсом... Æз уал æввонгæй Ныххæссон абон Дæ сырдты хъæумæ... Зæгъдзынæн: коммæ Æз иунæг цъилæй, Кæсут, æппарын Дзаботæ къайгай. Гуыйманæн алыгъд Иæ амонд дардмæ: Афтидæй хъæумæ Нæ уæнды ’рцæуын... Йæ кард ысласта... Фæцæуы сырдмæ... Æсуагъта хурхыл Уæд сион сырдæн Йæ кард Хъасболат... * * * Силæм фæлывдæй Нæ цыд Гуыйманыл: Нæ уыд йæ ахуыр, Уый уадза искæй Хæстæг йæ сырдтæм Чысыл Гуыйманæн. Ныццавта уайтагъд Йæхи Хъасболыл. Уæд де знаг афтæ: Ыстыдта зæнгæн Силæм йæ хæцъæф. Бæргæ ма кодта Хъасбол амæлттæ, Фæлæ йын фаркгай Ыскодта йе ’гъдтæ Силæм къуыбырхъус. * * * Хъæр-ахст ныккодта Хъасбол фыдзæрдæ... Æнхъæвзы донау Йæ туг фæйнæрдæм. Дæлгоммæ ахауд. Мæцы йæ туджы. * * * Хур хъазгæ рагъæй Йæ был ныддардта, Йæ тын ма дардæй Ныдзæвы хохыл. Æрттивы цъити Рæууон, рæсугъдæй. Йæ улæфт кæмттæм Æрвиты фагæй. Куы райста къухмæ Эол йæ фæндыр, Йæ хъæлæс бæстыл Фæйнæрдæм хъуысы. Мæрдон хуыст къæйтыл Кæны Хъасболат. Уыг къахдзæн уымæн Йæ сау цæст ахсæв. Дæлыйау комы Силæм нынниуы: Гуыйман, дæ мардыл Кæны уый марой! Бакæсын: Бæдоаты Хъазыбег «Арсæмæг» (1958)
ДЗЕСТЫКУЫДЗÆГ (1905-1981) & Дзесты Габрелы фырт Куыдзæг рай- гуырди 1905 азы Хуссар Ирыстоны Едысы хъæуы мæгуыр лæджы хæдзары. Хъæууон скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр дард- дæр ахæццæ кодта Дзауы скъолайы. 1920 азы, меньшевиктæ Хуссар Ирыстоны хъæу- тыл арт куы бандзæрстой, уæд Дзесты би- нонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ. Бирæ тухитæ бавзæрста Куыдзæг æрыгонæй дæр. Цыдис æх- хуырсты, куыста зæхгæсæй, агуыридургæнæн заводы. Фæстæ- дæр ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы Фыццæгæм фæлварæн скъо- лайы, Мæскуыйы журналистикæйы институты, Хæххон-педаго- гон институты ирон æвзаг æмæ аивады хайады. 1932 азы бацыд аспирантурæмæ. Æнувыдæй архайдта Куыдзæг æхсæнадон куысты дæр. Уыдис журнал «Æвзонг Ир»-ы редколлегийы уæнг, куыста газет «Рæст- дзинад»-ы. XX æнусы 20—30-æм азты бавнæлдта сфæлдыстадон куыстмæ дæр. Фыста уацаутæ, очерктæ, критикон уацтæ. Скъо- латæн арæзта программæтæ æмæ хрестоматитæ. Иæ уацмыстæ мыхуыры цыдысты уæды газеттæ æмæ журналты. Йæ фыццаг чиныг «Хæхтыл» рацыд 1932 азы. XX æнусы 30-æм азты æмбисы райдыдта Куыдзæджы царды фыддæр дуг. Æнаххосæй, хахуырты азарæй дыууæ хатты бахауд ахæстонмæ. Æстдæс азы бæрц фæхъизæмар кодта уазал Сыбыры æмæ дард Цæгаты хъæдгуыстгæнæнты. Æрмæст 1964 азы суæгъд ис æмæ сыздæхт Ирыстонмæ. Куыдзæг куыста литературæйы алы жанрты дæр, фæлæ йын ном чи скодта, йе ’рдзон курдиат æххæстæй кæм райхæлд, йæ куырыхон зонд æмæ хъæздыг авналæнтæ аккаг фæлгæттæ кæм ссардтой, уый уыд радзырды жанр. Йæ фыццаг радзырд «Хорхæссæг» мыхуыры куы фæзынд, уæд Тыбылты Алыксандр фыста: «Уыцы таурæгъ уæнгты уый- бæрц ахъардта, æмæ хъуамæ йæ кой рæгъмæ рахастæуа. Уыцы таурæгъы Куыдзæг ахæм курдиат равдыста, æмæ ног фысджыты раззаг рæнхъыты хъуамæ нæртон фæдисонæй æрлæууа». Цы сты Дзесы-фырты сфæлдыстады ахсджиагæр мотивтæ? Фыссæг йæ уацмысты нывæфтыд кæны Ирыстоны, ирон адæмы цард ивгъуыд дугтæ («Хорхæссæг», «Уæхæнæзы радзырд», «Кæй аххос у», «Хæдмæл хъаз») æмæ йæ рæстæджы цаутæ («Мадæй тых- джындæр», «Алчи», «Фæнык хуры цæсты», «Арф комы», «Мæт», «Фыййауы сагъæс»). Æвдисы адæмы æгъдæуггæ, ирон лæджы зон- Ь -ъШÆ. 181
дахаст, йæ хъуыдытæ, йæ бæллицтæ. Сæйраг хъусдард здахы моралон-этикон фæрстытæм. Зынгæ бынат æрцахстой Куыдзæ- джы сфæлдыстады мидхæсты цаутæ («Хур скæсæны ’рдæм нæ ныгуылы», «Чъеури».) Ацы радзырды — «Хур скæсæны ’рдæм нæ ныгуылы»-йы уæлдай ирддæрæй зынынц йе сфæлдыстады сæйраг миниуджытæ: æлвæст драматикон сюжет æмæ тыхджын конфликт, сæйраг архайæджы трагикон хъысмæт æмæ фæллойгæнæг адæй- маджы сæрыстырдзинад. Куыдзæджы сфæлдыстады ахсджиаг хай хауы ирон сывæллæт- ты литературæмæ. Фыссæг хорз зоны æхсæнады сæйраг æгъдау — æнæ кæстæр цард æдзард у, фидæнæн та уæвæн нæй. Зоны уый дæр æмæ райсомы фæлтæры абон кæй хъæуы хъомыл кæнын. Уымæ гæсгæ лæмбынæг кæсы сывæллæтты цардмæ, сæ зæрдæты сусæг æвæрæнтæм, зондахастмæ, сæ хъуыдытæ æмæ сæ бæллицтæм. Куыдзæджы сывæллæттæн фыст уацмыстæ адихгæнæн ис дыууæ кьордыл: сывæллæтгæн («Пъырыстыф», «До,дги тæрхъус куыд æрцах- ста», «Мæмæтгы писмо», «Хинæйдзаг къæбыла», «Фæсмон», «Кæ- уыл худтысты куыдз, гæды æмæ карк») æмæ сывæллæтгыл фыст («Диссаджы кукла», «Къæрмæг», «Арфæйаг», «Ичъи»). Автор дыууæты дæр арæхстджынæй пайда кæны педагогикæйы сæйрагдæр домæнтæй иуæй — сывæллæтты кары хицæндзина- дæй. Хорз арæхсы рæзгæ фæлтæры психологи æвдисынмæ. ХИНÆЙДЗАГ КЪÆБЫЛА Батыр йæ мадимæ фæцæйцыд доны былмæ. Сæ сыхæгты цурмæ куы бахæццæ сты, уæд сæ размæ иу къæбыла разгъордта æмæ йæ былтæ сдæргæ Батыры къухтæм нымдзаст. Батыр фæ- тарст æмæ йæ мады фæстæ амбæхсти. Уæд æм къæбыла ноджы хæстæгдæр бацыд æмæ срæйдта. — Нана! — нырдиаг кодта Батыр. — Цæугæ уæхимæ, — схъæр кодта мад къæбылайыл. Куыдз йæ къæдзил дæлæмæ ’руагъта æмæ уæртæ фезгъоры. — Нана, — фæрсы Батыр, — къæбыла дæуыл куы нæ рæйдта, уæд мæныл цæмæн рæйы? — Æнæхсад дæ æмæ уымæн. Æркæс-ма дæ къухтæм! Батыр æркаст йæ къухтæм, æмæ æцæгæйдæр — чъизи. Мады къухтæм бакаст, уыдон та — сыгъдæг. — Куыдз нæ уарзы, йæхи чи не ’хсы, ахæм сывæллæтты. — Æмæ сæ цæмæй базоны? — Сæ къухтæм сын бакæсы æмæ уымæй, — загъта мад. «Æцæг мын къæбыла мæ къухтæм касти», — ахъуыды кодга Батыр. Бахæццæ сты доны былмæ, уæддæр нæма ферох Батырæй уыцы хабар. — Нана, æмæ къухтæ чъизи куы уой, уæд къæбыла хæцгæ дæр фæкæндзæн? — О, фæхæцдзæн. Уæдæ сæм цæмæн фæкæсы? 182
Батыр иучысыл алæууыд, стæй йæ мад куыд нæ æрхъуыды кæна, афтæ змисæй йæ къухтæ æхсын байдыдта. — Дзæгъæлы сæ æхсыс, уæддæр дæ базондзæн, сапонæй æхсад куы нæ уой, уæд, — дзуры йæм мад йæ мидбылты худгæйæ. Батыр æрæнкъард ис. Мад ын фæтæригъæд кодта. — Уæдæмæ, цалынмæ æз ам мигæнæнтæ æхсон, уæдмæ ды иннæ уынгты нæ- химæ ауай æмæ дæхи сапонæй дзæбæх ныхс. Стæй фæстæмæ куы цæуай, уæд-иу кæрдзыны къæбæр демæ рахæсс. Ацы хаттæй æнæзивæгдæрæй никуы азгъордта Батыр. Нырæй хуыздæр никуы ныхсадта йæхи. Уайтагъд фæстæмæ æрбахæццæ, дзулы карст йæ къухы, афтæмæй. — Нана, æрбакæс-ма, хорз нæ цæхсадтон мæхи? — Хорз дæ, хорз, мæ къона. Къæбыла нæ размæ куы разгъо- ра, уæд-иу дзул аппар, стæй йæм дæ дыууæ къухы дæр равдис, — загъта мад. Батырæй уыцы ныхæстæ нæ ферох сты. Фæлæ та куыдз сæ размæ куы рауад, уæд дзы фæтарсти, дзулы карст йæ къухæй æрхауд, йæхæдæг йæ мады фæдджийыл атыхстис. Куыдз дзул куыд ахордта, уый дæр нал федта. — Ма дзы тæрс, ма, дæ къухтæ йæм равдис! Батыр йæ мады æнцой лæугæйæ йæ къухтæ пæлæхсарæй рав- дыста. Æмæ æцæг диссаг: къæбыла ма сæм иу каст фæкодта, стæй йæ былтæ асдæрдта æмæ зæххы цыдæртæ агуры. — Нæ дын загътон! — бахудти мад йæ мидбылты. Изæры, Батыр куы схуыссыд, уæд сфæнд кодта: райсом куыд- дæр сыста, афтæ раздæр йæхи ныхсдзæн, стæй уый фæстæ та хъазынмæ ацæудзæни. Фæлæ та дыккаг райсом дæр Батыры фæндæй ницы рауадис. Йæ хуыссæнæй куы рабадт, уæд сынтæджы раз ауыдта дзыхъ- хъыног батинкæтæ. — Нана, адон мæн сты? — Дæу сты, дæу, дæ нывонд фæуон! Дысон дын сæ дæ фыд æрбахаста. Сыст уæлæмæ, афон у. Батыр фестад, уайтагъд йæ дарæс, йæ ног батинкæтæ акодта. Йæхи ныхсын æй айрох, йæ мад дæр æй нал ауыдта, афтæмæй уынджы балæууыд. Тынг æй фæндыд, йæ рæсугъд сырх батин- кæтæ йын сæ сыхы лæппутæ куы федтаиккой, уый. Сæ сыхæгты дæле хъазыдысты æртæ йæхи йас лæппуйы. Батыр уырдæм куыд фæцæйзгъордта, афтæ та æвиппайды къæ- была йæ размæ фæци. Лæппуйæн цыма йæ къæхтæ зæххыл ны- хæсгæ бакодтой, уыйау йæ бынаты сагъдауæй баззад. Нырма ныртæккæ æрлæууыд йæ зæрдыл, æнæхсад у, уый. Къæбыла та йын йæ къухтæм ныккаст. «Ныртæккæ мыл фæхæцдзæн», — ахъуыды кодта Батыр æмæ йæ къухтæ уæлæмæ систа. Къæбыла йæм ноджы хæстæгдæр æрбацыд æмæ къухтæм уæлæмæ кæсы. — Гибыц, Гибыц... ма мыл фæхæц... Ныртæккæ ныхсдзынæн... Кæс-ма, мæнæ мын баба ног батинкæтæ... 183
Уыцы ныхæстæ кæнгæйæ Батыр йæ къухтæ сындæггай йæ чъылдыммæ азылдта. Фæлæ къæбыла дæр фæстæрдыгæй фев- зæрди. Ныр ма цы кæна Батыр? Алидзид, æмæ нæ уæнды, къæ- была йæ баййафдзæн. Размæ та ’рбакодта йæ къухтæ. Фæлæ та къæбыла дæр размæ рауад. Йæ фæстаг къæхтыл слæууыди, уæлæмæ гæпп кæны. Батыр куыд æнхъæлы, афтæмæй уый хъа- вы къухтæм хæстæгдæрæй бакæсын. Нал бафæрæзта лæппу, ныцъцъæхахст кодта æмæ лидзынмæ фæци. Къæбыла срæйдта æмæ азгъордта йæ фæдыл. Фæлæ Ба- тыр фæстæмæ нал кæсы, æрдиаггæнгæ размæ тæхы. — Цы кодтай, мæ зæрдæдарæн? — кæртмæ рауадис Батыры мад. Лæппу ма иу каст фæстæмæ фæкодта æмæ къæбылайы куы- нæуал федта, уæд фæныфсджындæр. — Къæбыла... — сдзырдта ризгæ хъæлæсæй. — Цы дын кодта? — Базыдта мæ... — Чи дæ базыдта? — Къæбыла... Æнæхсадæй ацыдтæн, æмæ мын мæ къухтæм каст. — Æмæ дын нæ дзырдтон... Хæцгæ дыл нæ фæкодта? — Нæ, ралыгъдтæн. Æз ын загътон, мæхи ныхсын мæ ферох ис. — А-гъа, уæдæ дыл уымæн нæ фæхæцыд, уымæн, — бахудти мад. — Цу, мæ хур, дæхи ахс, аходæн бахæр, стæй уæд ацæу- дзынæ хъазынмæ. Мад Батырæн хæринаг радта, йæхæдæг кусынмæ ацыд. * * * Фæсæмбисбон, мад йæ куыстæй куы æрбацыди, уæд Батыры æрбаййæфта къæбылаимæ хъазгæ. Лæппу мады размæ рауад. Фырцинæй дзурынмæ дæр нал арæхсы, афтæмæй æппæлы. — Нана, æз дзы æппындæр нал тæрсын... Йæ сæр дæр ын асæрфын...-Ахæм хинæйдзаг къæбыла у æмæ диссаг! Сæ къæри- доры хуыссы, æмæ, стыр лæгтæ куы фæцæйцæуынц, уæд сæм нæ рагæпп кæны, фæлæ мæныйæсты куы ауыны, уæд сæм раз- гъоры æмæ сын сæ къухтæм кæсы. Æрдæбон мæнмæ дæр рагæпп кодта. Æз æм уайтагъд мæ къухтæ равдыстон дыууæрдыгæй дæр. Раздæр æй нæ уырныдта, æхсад сты, уый, æмæ сæм смуды. Нана, смудгæ та сæм цæмæн фæкæны? — Чъизи къухтæ æвзæр тæф фæкæнынц æмæ уымæн. — Кæс-ма, кæс, куыд хин у! Батыр хæрды размæ йæ къухтæ ныхсадта æмæ хæргæ-хæрын хъуыды кодта: «Нана куыд зондджын у! Алцыдæр куыд зоны!» ÆХХУЫСГÆНДЖЫТÆ Зозыкк, Хаби æмæ Битту æрбацæйцыдысты хъæдæй, сæ къоп- патæ саунæмыгæй сæ тæккæ дзагæй, афтæмæй. Кæсынц, æмæ хъæугæрон цæугæдоны хиды дæле дурыл бады æмæ кæуы, иу- 184
æхсæз азы кæуыл цæуы, ахæм чызг. Зозыкк æм раздæр бахæццæ. Фæрсы йæ: — Цæуыл кæуыс? Сывæллон ницы дзуры. Хæкъуырццæй кæуы. — Цæй-ма, цæуыл кæуыс! — тызмæгдæр æм сдзырдта Зозыкк. Чызг кæугæ-кæуын æмæ йæ цæстытæ æууæрдгæйæ радзырд- та. Йæ мад æй къаннæг хъуывгъанимæ рарвыста дон æрбахæс- сынмæ. Ам хъуывгъан доны куы фæтъыста, уæд ын æй аскъæфта æмæ йæ аласта... — Æдылы къоппа! Хъуывгъан æвиппайды нæ хъуыди доны фæтъыссын. Ам дон тагъд уайы, уый нæ зыдтай? — зæгъгæ, йæм бадодой кодта Зозыкк. — Æнæзонд! Демæ кружкæ рахастаис æмæ хъуывгъан уымæй байдзаг кодтаис! Доны ма йæ цæмæн тъыстай? Ацу уæхимæ, цæмæ ма лæууыс? — бауайдзæф ын колдта Хаби, стæй фæдзырдта йе ’мбæлттæм, цомут, зæгъгæ. Зозыккимæ араст сты хъæумæ. — Цæут уал, æз дæр уæ феййафын! — загъта Битту, йæхæдæг чызджы цур æрбадт. Фæрсы йæ: — Кæцы ран ныххауд дæ хъуывгъан? — Дæлæ уым! — бацамыдта чызг доны иу ранмæ. — Æмæ стæй цы фæци? — Дон æй аласта да-а-алæ уыцы бæласы цурмæ, стæй нал фæзынд... «Æвæццæгæн, уым донæй айдзаг æмæ фæдæлдон», — ахъуы- ды кодта Битту æмæ хъæлдзæгæй дзуры чызгмæ: — Уæдæ тæрсгæ мауал кæ, ныртæккæ йæ ссардзыстæм. Битту азгъордта, чызг ын кæдæм бацамыдта, уырдæм. Уыцы ран дон сындæгдæр цыд, фæлæ уыйхыгъд арфдæр уыд, хиды бын куыд уыди, уымæй дæр. Битту балæгæрста доны. Дон раст йæ ронбастмæ кæм схæццæ, уыцы ран ссардта хъуывгъан æмæ йæ сласта. Равдæлон æй кодта, ранхъæвзта йæ, стæй йæ ногæй байдзаг кодта, æмæ йæ былыл æрæвæрдта. — Дæ цæсгом схъулæттæ кодтай дæ цæстыты сыгæй. Афтæ- мæй аив нæу хъæууынгты ныццæуын. Дæхи ныхс æмæ цом, дæ мад дæм æнхъæлмæ кæсы. Марадз! — загъта Битту чызгæн. Чызг уайтагъддæр ахсадта йæхи æмæ Биттуимæ иумæ араст сты хъæумæ. АХУЫР ÆМÆ ФЫДАХУЫР Уазæг бады хæдзары. Хæдзары ’фсин ныфсæрмы: хæрз æдзæл- лагæй æрбаййæфта уазæг фысымы. Бирæ нæ, фæлæ хъæбæрхо- ры кæрдзын дæр нæй конд хæдзары. Уазæг æххормагæй куы ацæуа, уæд ус цы зæгъдзæн йæ лæгæн? Кæнæ уазæг цы ныхас ахæсдзæн ахæм æфсинæй? Æртæ цъаргонды уæддæр хъуамæ ра- кæна. Ус уæларынг балæууыд. Фæдисоны лæбурд кæны куы арынгмæ, куы та артмæ. 185
Тæккæ уыцы рæстæджы йæ цыппараздзыд лæппу мады къа- байыл æрцауыгъта йæхи æмæ тъизы: — Нана, дон мæ хъæуы! Мад ын ницæмæ дары йæ ныхас. Сывæллон хъæрдæрæй рай- дыдта. — Фæлæуу уал, дæ нывонд фон! Мæнæ дæ гуыл куы афыца, уæд дын ратдзынæн дон... — Дон мæ хъæуы... — уæддæр не ’нцайы лæппу. — Мæ къухтæ хыссæйæдзаг сты, куыд дын раттон, фæлæуу уал! — фæмæсты мад æмæ йæ рæмбыныкъæдзæй асхуыста сы- вæллоны. Лæппу фыццаг йæ был ыстæбæгъ кодта, стæй уалынмæ йе ’рдиаг ныййазæлыд хæдзары къуымты. Мад нал фæлæууыд, йæ хыссæ къухтæ арынгхафæнæй ахаф- та æмæ радта дон йæ сывæллонæн. Лæппу дуарæй федде ис. — Ахæм ма къулбадæг сывæллон уыдзæн! — сдзырдта мад, цыма уазæджы раз йæхи сраст кæнынмæ хъавыд, уыйау. — Дæхи аххос у! — загъта уазæг æмæ бацамыдта усæн, искуы ма йæ сывæллон дон куы кура, уæд куыд бакæнын хъæуы, уый. Ус фæцис кæрдзын конд. Уæлибæхтæ фыцынц пецыл. Сы- вæллоны хъæр цæуы уынгæй — хъазы йе ’мбæлттимæ. Сахаты бæрц æххæст нæма рацыдаид, афтæ та лæппу лæф- лæфгæнгæ æрбамидæг хæдзары. — Нана, тынг дойны мын у! Мад æй цыма хъусгæ дæр нæ кæны, афтæ дары йæхи. — Дон мæ хъæуы, нана! — зæгъгæ та кæуынвæнд скодта лæп- пу, фæлæ мад фæраздæр æмæ йæм дзуры: — Марадз-ма фен: къæртайы ис дон? Сывæллон бацыд æмæ ныккаст къæртамæ. — Ис дзы, нана! — Къус дæр дзы ис? — О. — Уæдæ рахæсс дон къусы æмæ дын раттон! Сывæллон систа къус, йæ риумæ йæ быцæу сæвæрдта æмæ дон цæллахъгæнгæ рахаста йæ мадмæ. — Гъа, нана! Фæлæ мады не ’вдæлы, æмæ дзуры: — Фæлæуу уал, мæнæ кæрдзынтæ афæлдахон Сывæллон лæууы æд къус, мад архайы пецимæ, æппындæр æй не ’вдæлы. Лæппу æнхъæлмæ кæсы. Фæлæ мады архайдæн кæрон нал ис... Лæппу æркаст къусмæ, йæ дзых æм æрхæстæг- дæр кодта, доныл та уæлдæр схæцыд æмæ йæ йæ дзыхыл сдард- та. Донæн йæ фылдæр йæ риуыл æркалд, фæлæ уæддæр баныз- та, къус бандоныл фæуагъта æмæ та дæлæ дуармæ фезгъоры. — Фæлæуу-ма, дон дын раттон! — адзырдта йæм мад, йæ ху- дæг уромгæйæ. — Мæхæдæг банызтон! — загъта саби згъоргæ-згъорын æмæ дуары æдде фæцис. 186
ÆДЗÆСГОМ ФЫР Чи зоны, сымахæй исчи зæгъа: фырæй та куыд ис «æдзæс- гом» зæгъæн? Уый фос у æмæ фос. Фосæй та цæй цæсгæмттæ домыс! Фæлæ афтæ мачи зæгъæд. Фæрæдидзæн. Æз уын ныр- тæккæ иу хабар радзурдзынн. Байхъусут уал мæм, стæй-иу уæд зæгъут: рæстытæ дзурын æви нæ? Фыййау уыдтæн уыцы аз. Хызтон иу-дыууæ сæдæйы бæрц фос. Уалдзæгæй мыл суанг сæрды æмбисмæ ницы бæллæх æрцыд, фосыл зиан не ’руагътон. Йæ дзугтæ Хъызлары чи фæдары зымæджы мæйты, уыдон сæ зæддаг фысты ’мæ сæ фырыты хицæнтæй фæхизынц. Фæлæ махмæ бирæ фос нæ уыд, зымæг-иу ам, нæхимæ хохы уыдысты. Фыстæ æмæ фырытæ иумæ хызтысты. Сæрды æмбис куы ’рхæццæ, уæд фырытæ тох кæнын рай- дыдтой. Мæ фыд мын бафæдзæхста: «Тыхкъул кæм у сæрвæтты, уым-иу фос бирæ ма бафæстиат кæн, фырытæ кæрæдзийы рап- пардзысты». Уыцы ныхас мæ зæрдыл дардтон æмæ нæ уагътон мæ фос æмуырдыг сæрвæттæм. Фæлæ уыдон сæхæдæг хæлæф кодтой заддæр бынæттæм. Кæд-иу фырытæ тох кодтой, уæд та-иу сæ баиргъæвтон. Куыдфæстæмæ къаддæрæй-къаддæрмæ цыдысты хæцæг фы- рытæ æмæ ма дзы фæстагмæ тохгæнæг баззад æрмæст дыууæ фыры, сæ тæккæ тыхджындæр æмæ стырдæртæ. Уыцы дыууæ фырæй чи тыхджындæр у, уый куы сбæрæг уа, уæд дзы хыл нал уыдзæн. Алы фыр дæр ныр базыдта йæ бон, æмæ йæхицæй тых- джындæртæй лидзгæ кæндзæн, лæмæгъдæрты та — сургæ. Фæстаг дыууæ фыры хæстæн кæрон нал æмæ нал уыд. Хизгæ цас кодтой, хыл та — уымæй фылдæр. Æз нал фæрæзтон сæ иргъæвынæй. Нал уæндыдтæн фос бæрзæндтæм скъæрын. О, фæлæ сымахæй, чи зоны, исчи нæ федта, фырытæ куыд хæцынц, уый. Фæзран куы фæхизынц, уæд æрлæууынц ныхæй- ныхмæ, стæй сæ алчидæр фæстæмæ-фæстæмæ ацæуы иу-цыппар- æхсæз метры бæрц. Цыма сын исчи къаманды скæны, афтæ уыцы иу рæстæджы размæ, кæрæдзийы ныхмæ æрбатæхынц æмæ сæ тых-тæхæджы сæ сыкъатæй — дзæхст. Сæ цæфы хъæр афтæ тынг вæййы, æмæ кæмтты ныццарауы, сæрвæтæй суанг хъæумæ фæ- хъуысы. Кæд уыцы цæфæй сæ дыууæйæ дæр ничи ахауа, кæнæ лидзæг нæ фæуа, уæд та ногæй — гуыпп! Къулран куы фæхизынц, уæд та афтæ: сæ иу æрлæууы йæ мидбынаты, йæ ных уæлæмæ, афтæмæй. Иннæ хæрдмæ ыссæуы иу 3—5 метры бæрц æмæ уырдыгæй йæхи раппары бинаджы сыкъа- тæм. Бинаг йæхи æмбæрцæй дыууæ-æртæ хатты дæлдæр ахауы, йæ къæхтæ хæлиуæвæрдæй æмæ лæугæйæ. Стæй уæд фырытæ сæ бынæттæ аивынц: бынæй чи лæууыд, уый уæлæмæ ыссæуы, уæллаг чи уыд, уый та бынæй ныллæууы. Кæд уыцы гуыппыты 187
фæстæ фырытæй исчи ахауа кæнæ хæцæн бынатæй ацæуа, уæд уый састы нысан у. Мæнмæ диссаг каст: куыд фæрæзтой фырытæ уыцы цæф- тæн? Сæ сæрты магъз-иу куыд нæ слæхъуг уыцы гуыппытæй? Цы дыууæ фыры кой кодтон, уыдон æртыккаг бон изæрмæ дæр нæ фесты сæ тох. Хауынæй сын куыд тарстæн афтæ фос хуымгæрæттæм æрыздæхтон. Ам тæссаг ницæмæй уыд. Æрмæст йæ бæрзæнд иу-дæс метры кæмæн уыд, ахæм сапп, йæ хæдбыны та — дурты цæнд. Фырытæ та ам дæр райдыдтой хæцын. Зæгъын, тыхджындæр сæ чи у, уый тагъддæр куы сбæрæг уаид, уæд кæд нал хæциккой — æз дæр сæ ацы хатт нал баиргъæвтон. Фырытæй иу бынæй баззад, иннæ йыл уæлейæ йæхи раскъæр- дта. Иу цæстыфæныкъуылдмæ уæлладжы къæхтæ фæхицæн сты зæххæй æмæ мæм афтæ фæкаст, цыма дæлладжы сыкъатыл хъен алæууыд. Фæлæ дæллаг баурæдта цæф. Иуцасдæр ахауд дæл- дæр, фæлæ йæ къæхтыл лæугæйæ баззад. Стæй уæд иувæрсты уæлæмæ ссыд. ...Куыддæриддæр йæхи раппæрста, афтæ дæллаг æвиппайды фæзылд иуварс æмæ... дæ балгъитæг афтæ! Уæллагæн йæ разы ницыуал уыд, æмæ асхъиудта дæлæмæ саппы сæрæй, йæ сыкъатæ æрхаста мæлдзыджыты губакмæ, стæй уæлгоммæ ахауд, æмæ дурты цæндыл йæ гьæпп фæцыд. Змæлгæ дæр нал ыскодта. Уыцы рæстæджы нæ сыхæгты лæг Нане сындзытæ æхсæста йæ хуымы. Ме ’рдиагмæ æрбазгъордта саппы бынмæ. Уайтагъд- дæр базыдта, фырæн йæ астæуыстæг кæй асаст, уый, æмæ йæ хæдмæл кæнын нæ бауагъта. Уым ма хуымты чи куыста, ахæмтæй чидæр фæхабар кодта хъæумæ æмæ мæ фыд уайтагъд ысхæццæ. «Къулран-иу сæ хæ- цын ма уадз!» — дын нæ загътон? — зæгъгæ, мын мæ къæбутæн ахæм хафт нылласта, æмæ чысыл ма бахъæуа, ме ’мбудтæ зæх- хы ацæвон. Мæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой, фæлæ уæддæр кæ- уын мæ сæрмæ не ’рхастон. Гъе, фæлæ дзы мæ аххос цы уыд? Никуыма федтон, фыр йе ’мбалы афтæ фæсайа, уый. Мæнмæ гæсгæ, уый æдзæсгом фыр уыд, æмæ сайдæй рацыд йе ’мбалыл. Уæдæй фæстæмæ уыцы сайæгой фыр ме ’нæуынон фестад. Мæ дзуджы фырытæн кæд се ’ппæты тыхджындæр уыд, уæддæр æй æз нал уарзын. Фæлитой æмæ мæнгард у. ÆВДАДЗЫХОС Фæсæмбисбон, урокты фæстæ, Дудар — фæндзæм къласы ахуыргæнинаг — æрцæйцыди уынджы. Сæхимæ фездæхæнмæ куы ’рхæццæ, уæд афтæ зынæй æрбазылд сæ хæдзармæ, æмæ æдде бакæсæг загътаид: ацы сабийы кæнæ йæ къах нæ хæссы сæхимæ, кæнæ та уæндгæ нæ кæны. Кæрты размæ куы бахæццæ, уæд 188
æнæкъæрццæй базыхъхъыр кодта дуар æмæ бакаст мидæмæ. Алæ- ууыд ма иучысыл, акæстытæ кодта уынгмæ æмæ хæрз æнæбары бараст мидæмæ. Йæ мад, Цомиан, хæдзары къæсæры раз æхсæста гобаны къуым- билтæ æмæ, йæ фырты куы ауыдта, уæд йæ куыст фæуагъта. — Кæм та ралли-балли кодтай, кæм? — Райдай та, марадз! Скъолайы, æндæр кæм! — Æмæ де ’мбæлттæ раджы куы ’рцыдысты, уæд ма ды кæм уыдтæ? Кæм? Дæ мад дæ быныл баззайа? Лæппу йæ къух ауыгъта, цыма афтæ зæгъынмæ хъавыд, ома, демæ фæнды дзур, фæнды ма, уæлдай нæу, æмæ мады фæрсты багæпп кæнынмæ хъавыд хæдзармæ, фæлæ йæ Цомиан ацахста йæ цонгæй. — Æз дæ фæрсгæ кæнын, æз! Дзых дыл нал ис, æгомыг ба- уай? Кæм уыдтæ? Дудар ас адæймагау йæхи фецæгхуыз кодта, мæстæймарæгау бакаст йæ мадмæ æмæ загъта: — Уæлæ скъолайы директыр горæтмæ ацыд æмæ уымæ гæсгæ бафæстиат дæн... — Цы ми дзы кодтай? — Директыры бæсты уынаффæ кодтон... — загъта ма лæппу, йæхи атыдта йæ мады къухæй æмæ хæдзары смидæг. Мад къуым- билдзæгъдæн лæдзæг фелвæста æмæ йæ фæдыл... Дудар балыгъд мидæггаг уатмæ. Мад — йæ фæстæ. — Æз дын ныртæккæ суынаффæ кæндзынæн, бонвыддæр... Уаты стъолы алыварс æрзылдысты сæ дыууæ дæр, стæй та уæд лæппу рагæпп кодта хæдзармæ, згъоргæ-згъорын фæлæбурд- та, буфеты тарвазыл тæбæгъы цы дзулы кæрстытæ уыди, уыдон- мæ, раскъæфта дзы, йæ армы цас цыд, уый бæрц, афтæмæй цæ- хæрадоны бамидæг. Мад ма къæлидормæ рахызт йæ фæстæ, стæй, цыма фыдвæл- лад бацис, сындæггай æрбадт йæ къаннæг бандоныл. Исдугмæ æдзынæг кæсгæйæ баззад, стæй йæ зæрдæ æрбархæндæг, цæс- гом йæ армытъæпæнты нымбæхста, æмæ йæ маст цæстысыгæй фемæхст. Нæй! Ницы хуыздæр кæны йæ лæппуйы ахаст, иу къорд чи- дæртæ йын куыд бацамыдтой, афтæ кæнгæйæ дæр. Бынтондæр сзыгъуыммæ йæ фырт. Фыдуаг. Уисæн нал кæны. Гуымиры. Дæрзæгдзыхæй дзуры мадмæ. Кæд æмæ цы хуызы райдыдта ахæм ахаст мад мæ фырты ’хсæн, уый Цомиан ныр- тæккæ бæстон нал хъуыды кæны. Диссаг ма йæм кæсы уый, æмæ лæппу йæ фыдимæ афтæ нæу, кæд йæ фыд алы бон дæр куысты вæййы, хаггæй-хатт та мæйгæйттæ нæ бахсæвиуат кæны йæ хæ- дзары, уæддæр. Фыды фылдæр уарзы, йæ коммæ кæсы, æфсæр- мы дзы кæны. Цомиан æддæ куысты лæуд нæ уыд, æппынæдзух дæр сæ- химæ, йæ лæппуйы цур. Æмæ-иу хъуыдыты бацыд: «Хъæуид, 189
æмæ мæнмæ хуыздæр хъусид, мæ коммæ тынгдæр кæсид, фæлæ цæмæн афтæ у?» Йæ хæстæджытæй йæ хъæстытæ кæмæн фæ- кодта, уыдон ын бацамыдтой: «Сывæллонмæ дæ дæндæгтæ зыхъ- хъыр куы дарай, уæд сæ цыхт æнхъæлы... Лæппуйæн йæ бар йæхи ма уадз». Чи загъта «нæмгæ йæ кæн, хæринаг ын-иу ма ратт æмæ уæд æрсабыр уыдзæн» æмæ ма ноджы бирæ æндæр ахæм хостæ. Фæлвары ныр дæр ма уыцы амындтæ иууылдæр, фæлæ лæппу фыддæр цы кæны, уыййеддæмæ дзæбæхдæр нæ. Уæдæ ма йын цы бачындæуа?! — Уæ, дæ иунæг хъæбулы быныл баззайай, Сланон, кæд мын адон иууылдæр дæ фыдбылызтæ сты! — зæгъгæ, ныккуыдта Цо- миан. Йæ армытьæпæнтæ фæхицæн кодта йæ цæсгомæй æмæ ахæм цæстæнгасæй бакаст йæ сыхæгты кæрты ’рдæм, Сланон кæм цард, уырдæм, æмæ адæймаг загътаид: цымæ уагæры цавæр у уыцы æнæуынон сыхаг æмæ куыд цæрынц афтæмæй фæрсæй-фæрстæм, дыууæ хæдзары астæу мæнгбыд кау йеддæмæ куы ницы ис? Хорз сыхæгтæ уыдысты Цомиан æмæ Сланон. Дыууæ хæдза- ры дæр æмхуызон цæрджытæ, сæ дыууæйæн дæр фæйнæ лæп- пуйы — скъоладзаутæ. Бирæ азты фæцардысты сыхаджы цар- дæй, хæларæй, уарзонæй. Сæ лæгтæ дæр афтæ. Искæмæ-иу сæ уазæг куы ’рцыд, уæд ыл фысым куыд тыхст, сыхаг дæр афтæ. Сæ бæрæгбоны кæрдзын нæ, фæлæ ма-иу сæ искæмæ дзæбæх- дæр хæринаг куы фæзынд, уый дæр æнæ кæрæдзийæ нæ хорд- той. Хæрз æрæджы дæр ма сæм ахæм хабар рауад. Цомиан ма- къаронтæ сфыхта æхсыримæ, радта дзы йæ лæгæн, ныууагъта дзы йæхицæн дæр, стæй уæд дзуры йæ лæгмæ: — Гъæй, хъусыс! Уæд та Сланонмæ дæр бадзурин? Фæлмæн хæринаг у, æмæ дзы уый дæр ахæра, и? — Цæмæ йæм дзурыс дæ хамбохъмæ? — нæ бафæндыд лæджы. — Нæ, нæ, йæ дæндæгтæ риссынц æмæ йын æнцон хæрæн уыдзыстьг. — Фæлтау ын дзы сæхимæ иу къус бадав, кæннод хæрзаг ма зæгъа, цæмæ мæ æрбахуыдтой... Дæндагниз Цомиан æвиппайды æрбаймысыд, цæмæй йæ лæг тагъддæр сразы уыдаид, уый тыххæй, фæлæ уый сæр дæр ницæ- мæн хъуыд. Иу хатт та Цомиан йæ лæджы раз æрæвæрдта къаннæг авг наливкæ. Лæгæн æхсызгон уыд уый æмæ йæ мидбылты бахудт. — Æнхъæл нæ уыдтæ, и? — афарста йæ ус. — Раст дын куы зæгъон, уæд нæ уыдтæн, фæлæ ма æххæст ме ’рдхордмæ дæр куы бадзурис... — Цæмæ йæм дзурыс, дæ разы дыууæ сыкъайы йеддæмæ куы нæу... — Нæ, нæ, абон райсом йæ ахсæнæй хъæрзыдта æмæ дзы иу куы аназа, уæд дæр ын феххуыс уыдзæн! — зæгъгæ, æрбаймы- сыд лæг^ фæлæ ницы рауад йæ хинæй. Ус ын загъта, наливкæ Сланон йæхæдæг æрбарвыста, зæгъгæ. 190
Бирæ азты дæргъы фæцардысты ахæм цардæй дыууæ хæдзары. Фæлæ хъуыддаг æвиппайды фендæрхуызон. Цомиан Сланонмæ йæ дзыхæй нал дзырдта, хæрзиуæг дзы нал куырдта, дæтгæ дæр — афтæ. Фыдæххæл бонæй-бон тынгдæр кодта. Сланон ницы зыд- та, Цомиан æм цæмæ гæсгæ афтæ схæрам æмæ, чи зоны, ца- лынмæ уый сбæлвырд кодтаид, уæдмæ ма рацыдаид бонтæ кæнæ къуыритæ. Фæлæ бирæ хæттыты куыд рауайы, афтæ ацы хатт дæр чысыл цыдæр фæкъæртт кодта стыр хъуыддаджы. Сланоны кæрчытæй иу Цомианы цæхæрадонмæ батахт æмæ дзы цæйбæрц зиан скодтаид! Фæлæ уыйадыл Цомиан ахæм загъд самадта, æмæ сæм адæм æрыхъуыстой. Сланон стыр хъуыдыйы бацыд: «Нæ къамбец-иу куы баир- вæзт сæ цæхæрадонмæ, уæд-иу æй æрбаскъæрдта нæхимæ, хъаз- гæмхасæн ныхæстæй-иу ахицæн кодта йæ уайдзæфтæ... Ныр кар- чы тыххæй алывыдæй фæсте ницыуал ныууагъта. Хуымæтæджы нæу уый. Цы йыл æрцыд?» Æмæ Цомианæн йæ маст куы ’рцыд, йæ загъдæй куы банцад, уæд æм бацыд Сланон. Судзины рæхуыстау уыд йе ’рбацыд Цо- мианæн, фæлæ ма цы гæнæн уыди? Худæнбылæй йæм ракастаид, уый йæ бон нæ бацис, стæй йæ зæрдæ дæр нæ тардта. Æмæ уæд бахъавыд, ахæм уавæры бирæтæ цы хос ссарынц, уымæ: хылгæ- нæг скодта йæхи æндæр кæимæдæр, стыр «маст» дзы кæмæй бацыд, ахæмимæ. Сланонæн æнцондæр уыдаид, йæхиимæ йын куы хыл кодтаид, уæд, фæлæ йæ ныр бауырныдта, Цомиан йæ фыртимæ кæй хыл кæны, уый. Цæй фæдыл æрбацыд, уый кой нал скодта æмæ хæрзиуæг курыныл фæци. Уæдмæ Цомианæн йæ маст фæсабырдæр æмæ сфæнд кодта йæ сыхаджы ракъахын, кæд бантыса, уæд та «багæды кæнын», стæй йын алывыд акалын. Гъе, афтæмæй кæд йæ зæрдæйы тыппыр иучысыл райхæлид... Цæвиттон, хабар афтæ уыд: Цомиан æмæ Сланонæн сæ лæп- путæ, иу азы гуырдтæ, цыдысты скъоламæ. Дыууæ дæр — æгом- мæгæстæ, фыдуаг сывæллæттæ. Дыууæ усы-иу арæх акодтой сæ хъæстытæ кæрæдзийæн. Фæлæ уый фæстæ рацæй-рабон, æмæ Сланонæн йæ фырт æрæмбаргæ, нал кодта æнæгъдау митæ, йæ мадмæ дзы уæлдай ныхас нал ирвæзт. Уыцы хъуыддагыл Цомиан фæгуырысхо æмæ дæсныйы бафарста. Уый йын бацамыдта, чи- дæр дын хинтæ скодта, зæгъгæ, йæхи сывæллоны фыдбылыз дæуоныл бафтыдта, æмæ йын цыдæр хостæ бацамыдта. Цомиан цæхгæрæй алыг кодта: «Уый Сланоны йеддæмæ ничи уыдаид», æмæ уæдæй фæстæмæ йæ дзæбæх сыхаг — йæ удхæссæг. Дæсны йын цытæ бацамыдта, уыдон дæр ын цы феххуыс уы- даиккой, æмæ ныр сфæнд кодта Сланоны ракъахын, кæд, мыййаг, срæдийид æмæ радзурид, цы хос скодта йæ лæппуйæн? — Кæд дæ, Сланон, мæхи иунæг хойы бæрц нæ уарзын, уæд мæм йæ мард æрбайхъуысæд, уæд мæ сывæллоны быныл базза- йон æмæ мын «мæн у» зæгъæг мауал уæд. Нæ лæгæн дæр æй никуы ской кодтон, фæлæ дæуæй цы бамбæхсон, уый мæхи сæ- 191
рыл куыройы фыдæй разилæд... Дæхи зæрдæ де ’вдисæн, æвзæр ныхас дæ никуы ахастон... — Цавæр у, Цомиан, уый бæрц сомыты сæр дæ цæмæн хъæуы... — Уæд дын дæ иунæг æфсымæр амæлæд, ды дæ лæппуйæн цы хос скодтай, уый мын куы нæ бацамонай... — Цæй лæппуйæн? — дисгæнæджы фарст акодта Сланон. — Дæхи лæппуйæн... Мæнæй йæ ма ’мбæхс... Ныр дæсныты дæр уæлæмæ скæсын нал уадзынц. Мæнæ нæхи æвзæр сывæллон бынтондæр сфыдуаг, коммæ нал кæсы, фæстæмæ дзуры æмæ йын ницыуал мæ бон у... Сланон ныр бамбæрста, Цомиан æм афтæ цæмæн схæрам, уый æмæ йæ цæсгом фæтар. Сыхаг сыхагæй ахæм хинтæ æнхъæл куы уа, уæд ма уым цæй уарзондзинад ис! Уый мæстыйаг у, кæй зæгъын æй хъæуы. Фæлæ дзы æцæгæй та уæвгæ ницы ис. Кæд Цомиан афтæ хъуыды кæны, уæд уый æрмæст йæ цыбыр зонды тыххæй.. Ацы хатт Сланон йæхимæ бирæ зондджындæр фæкаст Цомианæй æмæ уыйадыл йæхицæй фæбузныг, алывыд акалыны зондæй йæм ницыуал аззад. — Афонмæ дæр мын æй куы загътаис, Цомиан, уæд дын фех- хуыс кодтаин. Æцæг, афтæ ма фенхъæл, хин дын скодтон. Æз дын иу-дыууæ бонмæ уыцы дæсныйы дæ тæккæ хæдзармæ æрба- кæндзынæн. Арфæтæ куыд нæ фæкодтаид Цомиан йæ хæрзгæнæгæн, æмæ уыйадыл дыууæ усæн сæ хæрамдзинады къуыбылой чысылгай хæлын байдыдта. Дыккаг бон ахуыргæнæг Замирæт æххæст нæма бахæццæ, цы хæдзармæ цыди, уырдæм, афтæ йæм мидæг кæртæй райхъуыст: — Марг дын фестæд! Дæ бур рондз фæкал! Дæ тугыл адæлгом у! Цас ма фæнымадтаид уыцы «арфæтæ» — чи йæ зоны, фæлæ уæдмæ ахуыргæнæг дуар бахоста æмæ бахызт къæлидормæ. — Уыцы «зæрдиаг арфæтæ» кæмæн кæныс, Цомиан? — худ- гæмхасæн бадзырдта усмæ Замирæт. Цомиан сагъдауæй аззад. Йе ’ртысгæн йæ къухы, æмæ уый æрæвæрын дæр нал сарæхст. — Уæуу-уа! Замирæт куы дæ! Ма мыл фæхуд! Мæнæ та не ’взæр сывæллонимæ схъуын стæм. Ахæм фыдуаг æмæ æгоммæ- гæс никуыма фендæуыд. Мæ иунæг хойæ æнæхай фæуон — йæ нывонд мын фод ме ’взæр фырт! — кæд ахæм æнæуаг искуы федтон... — О, æмæ уæддæр цавæр мæсты у! Исчи ма йæ хъæбулæн ахæм фыдæлгъыст кæны! Кæм и, кæ? — Алыгъд та мын уæртæ цæхæрадæтты ’рдæм... Ныр та йæ ардыгæй æхсæвæрафæттæм мæ цæст дæр нал фендзæн. — Æмæ уæдæ, Цомиан, лæппу мæнмæ ахуыр кæны, æмæ афтæ æгоммæгæс куы нæ у. Цы дын кодта, цы? — Бынтон сфыдуаг, мæ мард фенай! Уæртæ уаты цыдæртæ хуыдтон æмæ скъолайæ куы ’рбацыд, уæд чысыл банхъæлмæ 192
каст, стæй мæ баййардта, стонджы, дам, мын у. Мæн та æвдæлгæ нæ кодта. Гъе стæй дын уæд — мæ ингæны ныккæс, кæд гæды зæгъын — скъаппы дуар бакодта æмæ кæрдзын райста йæхи къу- хæй. Æз дæр ма йæм фæгæпп ластон, фæлæ ацу, æмæ ды уый баййаф! — Æмæ уæд лидзгæ та цæмæн акодта? — Цæмæн! Зоны йæ хуыцауы цæф. Куы йæ баййæфтаин, уæд ыл мæнæ ацы æртысгæнæй æрдæудтытæ кодтаин. Замирæт бамбæрста, мад æмæ йæ фырты ’хсæн цы ахаст ис, уый æмæ иу дзæвгар хъуыдытыл фæци. Йæ зæрдыл æрбалæу- уыд, ахуыргæнæг фыццаг аз куы ныллæууыд, уæд-иу ахæм хъуыд- даджы цæйбæрц мæстджын сси, уый. Иу хатт ын иу ус та афтæ зæгъын бафæрæзта: «Æз мæ хуры чысыл, фондз сывæллоны ныййардтон æмæ сæ схъомыл кодтон. Ды дæр уал уый бæрц ныййар, стæй-иу мын уый фæстæ бацамон, сывæллон куыд хъомыл кæнын хъæуы, уыдæттæ». Хæрз сабырæй загъта усæн: — Уæй, Цомиан, алкæмæ дæр йæхи сывæллон иннæтæй фыд- уагдæр фæкæсы. Мæнмæ ахуыр кæны æмæ ма дын æй иу хатт зæгъын: тынг дзæбæх коммæгæс у... — Æз дæр ма ууыл дис кæнын, дæ сæрыл хаст фон, мæнæ йын йе ’мбæлттæй кæйдæрты афарстон, æмæ, дам, иннæ сывæллæттæ куыд сты, уый дæр, дам, афтæ у. — Æмæ уæд йæ уроктæ та кæд фæцахуыр кæны, дæуæй куы алидзы, уæд? — Æвæццæгæн, йе ’мбæлттæй искæмæ. Уæлæ йын Цæлыкка- ты хæдзарæй фæцух нæй. — Цомиан, — ноджы сабырдæрæй райдыдта Замирæт, — дæ фырт кæд æнæгъдау фыдуаг у, уæд дзы мæнмæ дæр хауы азым, уымæн, æмæ мæ ахуыргæнинаг у. Цæй æмæ бавдæлæм, æмæ иумæ баныхас кæнæм, куыд хуыздæр уыдзæн, уый тыххæй. Искæй хæдзары ахуыр кæнын дæр хорз у, фæлæ, мыййаг, исчи афтæ куы зæгъа, сæхи хæдзары йын ахуыр кæныны фадат нæй, уæд та дæм уый дæр хъыг фæкæсдзæн... — Цы йын кæнон, уæдæ, цы, мæ къона, ницыуал мæ сæрæн зонын, иу ныхас æм куы скæнын, уæд мæм уый та — дыууæ. — Дзæбæхдæр-ма мæм æрбайхъус, Цомиан. Æз ссæдз азæй фылдæр кусын сывæллæттимæ æмæ сын сæ зæрдæ хорз базыд- тон. Бавдæл, æмæ бирæ нæ, фæлæ иу-дыууæ боны бафæраз, æз дын цы бафæдзæхсон, уый. Ахсæв куы ’рбацæуа, уæд æм хорз дæр ма сдзур æмæ æвзæр дæр. Хæринаг ын ратт æмæ йæ ууыл ныууадз. Райсом ын скъоламæ цæуыны агъоммæ аходæн æрæвæр йæ разы æмæ йын зæгъ: «Бахæр, скъоламæ дын ма байрæджы уæд». Скъолайæ куы ’рцæуа, уæд та... Комкоммæ дын æй зæ- гъын, Цомиан, дæхæдæг дæр æнæ аххос нæ дæ. Скъоладзауæн сæумæрайсом йæ зæрдæ скъоламæ фехсайы, хаттæй-хатт та бай- рæджыйæ фæтæрсы æмæ хæргæ дæр ницы бæрæг бакæны. Йæ 13 Ирон литсрптурæ сывæлл.тттæн 193
тæккæ æххормаг æрцæуы, скъолайæ куы æрыздæхы, уæдмæ. Сихор ын куы бахæрын кæнай, уæд ын-иу зæгъ: «Дæ фæллад суадз», стæй йын чысыл фæстæдæр бахæс кæн, тæккæ тынгдæр цы Цумамæ зивæг кодта, уый æмæ йæм уæд бакæс. «Бур рондзтæ» æмæ йæм æндæр ахæм дзыхяей ма дзур. Уыдон, дæ зæрдæ де ’вдисæн, зæрдæбынæй нæ дзурыс æмæ сывæллоны цæсты дæр ницы ахадынц. Дзур æм, мад йæ сывæллонмæ куыд фæдзуры рæвдауæн дзырдтæй, афтæ... — Уæ, дæ сæрыл мæ æрхæссай, Замирæт! Дæуæн дæ къахы æнгуылдзы цы зонд ис, уый мæнæн мæ сæры дæр нæй, æмæ афтæмæй æз дæ коммæ куыд хъуамæ нæ бакæсон... Фæлæ ды дæхи зæрдæйы хуызæн æнхъæлыс алкæмæн дæр. Æвæццæгæн, дæ сывæллонмæ худæнбылæй куы сдзурыс кæнæ йæм дæ цæс- тытæ куы фæхъулон кæныс, уæддæр ын уый æгъгъæд у... Фæлæ махуæттæ афтæ не сты. Æртысгæны цæфæй мын куы нæ сæтты, уæд мын «дæ фæхъхъау фæуонæй» куыд басæтдзæн?.. Бынтон- дæр мын мæ сæрыл сбаддзæн... — зæгъгæ, Цомиан йæхи бакъултæ кодта. — Нæ дæ ныууадздзынæн, Цомиан, цалынмæ мын сомы ракæ- най, уæдмæ. Ау, иунæг бон нæ бафæраздзынæ, ардыгæй соми- зæрмæ? — Хорз, хорз, дæ нывонд фон! Куы дын загътон, æз дæ коммæ куыд хъуамæ нæ бакæсон! Цыдæриддæр мын загътай, уыдон иу бон нæ, фæлæ сæ иу къуыри дæр бабыхсдзынæн. Уæддæр мын уæлдай нал у, нæмынæй дæр ницы æмæ ницы... Аныхæстæ ма кодтой Цомиан æмæ Замирæт иу дзæвгар рæс- тæг æмæ уал абон сæ ныхас ууыл ахицæн. Ахуыргæнæг æнхъæл- цауæй рацыд Цомианæй, фысым йæхæдæг та мæтгæнгæ æмæ гуы- рысхогæнгæ баззад. Æртыккаг урочы фæуды фæстæ ахуыргæнинæгтæ къæлидормæ куы ракалдысты, уæд Замирæт аивæй фæдзырдта Цомианы лæп- пумæ хибармæ æмæ йæ бафарста: — Дудар, зæгъ-ма, исчи дын афтæ куы зæгъид, дæ мад æдылы у, зæгъгæ, уæд дæм раст фæкæсид? Лæппу æвиппайды дзуапп раттын нæ бафæрæзта, æмæ та уæд Замирæт загъта: — Хъыг дын уаид æви æхсызгон уыцы фарст? — Раст нæу... — зæгъгæ, хæрз тыхстæй загъта лæппу æмæ ма æрæджиау бафтыдта йæ ныхасыл: — Иннæты мадæлтæ куыд сты, уый дæр афтæ у. — Æмæ уæдæ иннæ мадæлты фырттау ды дæ мады коммæ цæуылнæ кæсыс, уæлдай ныхас æм цæмæн кæныс? Цæмæн æй æвæрыс æдылыйы бынаты? Знон сымахырдыгæй уыдтæн æмæ мын дæуæй ахæм хъæстытæ ракодтой, æмæ мæ ахуыргæнинаг кæй дæ, уымæй ныфсæрмы дæн, мæхи цы фæкодтаин, уый дæр нал зыдтон... 194
— Омæ, ахуыргæнæг, иууылдæр мæм хылгæнгæйæ æмæ æлгъит- гæйæ фæдзуры æмæ... Лæппутæ мæ мæ номæй дæр нал хонынц, мæстæй мæ марынц «Буррондз Дудар!» «Буррондз Дудар!» Æмæ уыдон цур мæ хæдзармæ бацæуын дæр нал фæуæндын... — Æвæццæгæн, дæхи аххос у. Бавдæл, æмæ ацы тæккæ саха- тæй фæстæмæ бафæлвар: цыдæриддæр дын зæгъа, уый æнæуæл- дай ныхасæй æххæст кæн, йæ коммæ кæс, æваст митæ ма кæн. Кæд дын, дæ бон цы нæ уа, ахæм куыстытæ дæтта, уæд ын-иу сабырæй бамбарын кæн. Дыууæ боны фæстæ мын радзурдзынæ: уæ ахаст куыд у, тызмæг ма дæм у æви куыд. Бамбæрстай? — Бамбæрстон, — зæгъгæ, сдзырдта лæппу æфсæрмдзаст æмæ дызæрдыгæй. Дзæнгæрæджы хъæр фæсидтис сабитæм къласмæ. Уыцы бонæй æнкъарддæрæй, æвæццæгæн, Дудар никæд фæ- цæйцыд сæ хæдзармæ. Сывæллæттæ йæ кæй мæстæй мардтой, уымæн дæр ма фæрæзта, фæлæ йын Замирæт цы загъта, уымæй сагъæсы бацыд. «Мæ ахуыргæнинаг кæй дæ, уымæй ныфсæрмы дæн...» Цы фыддæр ма зæгъа ахуыргæнæг йе скъоладзауæй? Знон фæсахсæвæрты ныццыд сæхимæ. Æнæ хъæрæй бацыд мидæмæ æмæ федта: лампæ гæзæмæ судзы къулыл. Стъолыл æхсыры кружкæ æмæ дзулы кæрстытæ. Æхсызгон ын уыд, мады хуысгæйæ кæй баййæфта æмæ йæ хæринаг агурын кæй нæ ба- хъуыд, уый. Йæ хъуыдыйы кæрон дæр не ’рцыд, мад барæй афтæ ныууагъта хæринаг сгьолыл, хуысгæ дæр барæй раджы скодта. Уæвгæ, Цомианы тынг фæндыд, тæккæ уыцы изæр куы райдыд- таид фæлварын, Замирæт ын цы бафæдзæхста, уыдон, фæлæ йæ ныфс нæ бахаста. Куы нæ та фæлæууа йæ фырты æнæуаг ми- тæм, куы та йæм сдзура æмæ «зæрдæхудт фæуыдзынæн ахуыр- гæнæгæй». Фæлтау уал йæ маст æрцæуа, стæй уæд бафæлвар- дзæн райсомæй фæстæмæ. Хуысгæ дæр афтæ æнæ хъæрæй скодта Дудар, цæмæй йæ йæ мад ма базона. Уый цæмæй зыдта, æмæ, кæд Цомиан йæхи ныхъ- хъус кодта, уæддæр фынæй нæ уыди. Дудар куы бафынæй, уæд дæр ма уый бирæ рафт-бафт кодта хуыссæны, æрбаймысыд Сла- ноны хинтæ, зæрдæбын «арфæтæ» йын фæкодта йæхинымæр, стæй, мæгуыр, кувынмæ фæцис æмæ сындæггай, зæдтæ æмæ дауджытæн лæгъстæгæнгæ, бафынæй. Райсомы куы сыстад, уæд ма Дудар фынæй уыд. «Цæй, хъуг уал рæгъаумæ ауадзон, стæй фæстæмæ куы ’рбаздæхон, уæд æй сыхъал кæндзынæн», — ахъуыды кодта Цомиан æмæ рацыд хæ- дзарæй. Уынджы, æвæццæгæн, цæйбæрц æнхъæл уыд, уымæй фылдæр афæстиат. Фæстæмæ хæдзармæ куы ’рбаздæхт, уæд йæ лæппуйы нал æрбаййæфта. Дудар дæр хъуыдытæ кодта. Ахуыргæнæджы ныхæстæ ныр дæр ма зæлыдысты йæ хъусты. «Куы ’рбацæуа æмæ та куы хыл кæна, фæлтау — тагъддæр скъоламæ». Хус къæбæр райста æмæ атындзыдта. 195
Фæцæуы ныр Дудар сæхимæ бирæ уæззау хъуыдытимæ. «Ца- лынмæ ме ’мбал скъоладзаутæ нæ хæдзары комкоммæ æрхæццæ уой, уæдмæ нæхимæ нæ бацæудзынæн. Куы бацæуон, уæд иунæг сыбыртт дæр не скæндзынæн нанамæ. Нæмгæ нæ, фæлæ мæ маргæ куы кæна, уæддæр мæ мидбынатæй змæлгæ дæр нæ фæкæндзы- нæн. Уадз æмæ ме ’мбæлттæ фехъусой абон дæр та. Æмæ кæд Замирæт мæныл не ’ууæнды, уæд-иу уыдон бафæрсæд. Гъе уæд- дæр ма мын зæгъдзæн дæхи аххос у»? Сæ хæдзары размæ куы ныххæццæ, уæд зноны хуызæн нæ, фæлæ уæндонæй комкоммæ бацыд хæдзармæ. Мидæггаг уатæй йæм рай- хъуыст хуыйæн машинæйы хъæр. Дудар уыцы иу растæй бацыд уатмæ æмæ йæ хызын къулыл æрцауыгъта. Мад архайдта цæйдæр хуыйы- нагимæ æмæ, йæ фырты куы федта, уæд ныууагъта йæ куыст æмæ æнæдзургæйæ сыстад бандонæй. Дудар кæрты рудзынджы ’рдæм скодта йе ’ргом. «Æууæндын мæ кæны, цалынмæ нæ алыгътæн, уæдмæ», — ахъуыды кодта йæхинымæр, фæлæ куыд лæууыд, афтæ- мæй баззад. Мад буфеты дуар бакодта æмæ лæппумæ хъуысы къустæ æмæ уидгуыты хъæр. «Æвæццæгæн, цæвæнгарз агуры», — фен- хъæлдта Дудар, фæлæ уæддæр лæууы йæ мидбынаты. Цомиан стьолыл æрæвæрдта хъæрмхуыпп æмæ пырындзы кас. Исдугмæ йæ зæрды уыд фæлмæн, рæвдауæг ныхæстæ скæнын йæ лæппумæ, фæлæ йæхи фæурæдта, цыма æфсæрмы кодта æмæ йæм æвгъау кастысты «дзæгъæлы мын куы фæуой», æмæ уæд цыбыр, былалгъ ныхæстæй загъта: — Сбад æмæ бахæр! — йæхæдæг та машинæйыл æрбадт. Уый та ноджы зæрдæхсайгæдæр фæкаст Дудармæ. «Кæд бæрæгбон исты, мыййаг, у æмæ æлгьитын нæ уæнды, кæнæ... Уæдæ цы уыдзæни?» Дудар æрбадт хæрыныл. Ацы хатт комдзаг йæ хъуыры зынæй цыди, уæззау хъуыдытæ йын ферох кæнын кодтой йæ æххормаг, фæлæ уалынмæ æрыгон буар фæтых хъуыдытыл, æмæ нывыл хæрын райдыдта, йæ цæсты зулæй йæ мадмæ кæсы, афтæмæй. Мад йæхæдæг дæр кæд архайгæ йæ куыстимæ кæны, уæддæр йæ фырты иунæг фезмæлд дæр æнæуынгæ нæу. Дудар хæрд фæцис, фæлæ йæ бынаты бадгæйæ баззад. Сæ- химæ цæугæйæ цæмæ сцæттæ кодта йæхи, уый дзы кæй нæ ра- уад, уый бæрæг у, фæлæ дарддæр та? Мад дæр уал æнæдзур- гæйæ архайы йæ машинæимæ. Рафæнд кодта, Замирæт ын куыд бацамыдта, афтæ лæппумæ рæвдауæн ныхæстæ скæнын, стæй йын уæд «цума» бафæдзæхсын, фæлæ та зноны хыл куы ’рбай- мысыд, уæд йæ зæрдæ нал батардта æмæ сфæнд кодта къаддæр исты бахæс кæнын. Бæрæг уыдзæн уымæй дæр. — Къустæ уал дæ разы буфетыл æрæвæр, фæстæдæр сæ ахæс- дзынæн, — загъта Цомиан, цыма лæппумæ нæ, фæлæ йæ маши- нæмæ дзуры, уый хуызæн. Дудар сыстад, кæрдзыны къæбæртæ стьолæй расæрфта, тæ- бæгътæ бахаста буфетмæ, æрвæрдта сæ æмæ та уым дæр куыддæр лæугæйæ аззад. Йе ’ргом буфетмæ, йæ чъылдым мады ’рдæм, аф- 196
тæмæй лæууы сæргуыбырæй æмæ кæсы уырдыгмæ, пъолмæ. Цæмæ æнхъæлмæ кæсы? Уымæн йæхæдæг дæр ницы зоны, æрмæст цы- дæр хуызы æмбары: мад зноны хуызæн нал у, фæлæ йыл цы ’рцыд? Гъе, фæлæ уæдмæ мады зæрдæ нал фæлæууыд. Цомиан фæ- зылд йæ лæппуйы ’рдæм æмæ зæрдиагæй, æвзаг æмæ зæрдæ æмдзыхæй куы фæдзурынц, ахæм фæлмæн ныхасæй дзуры: , — Дæ фæллад уал суадз, мæ къона, стæй-иу мæнæ лæгуæрдо- ны ссинаг бадав куыроймæ, иу пут йеддæмæ нæу. Мæхи не ’вдæ- лы, дæ фыдæн æддаг хæдон хуыйын, райсом горæтмæ цæуы. Уыцы ныхасмæ лæппу фæджих. Сьшдæггай разылд йæ мады ’рдæм, фемдзаст ын йæ цæсгоммæ æмæ йæ цыма ныры онг никуы федта, афтæ йæм кæсгæйæ баззад. Йæ цæстытæ нал комынц мады райдзаст æнгасæй, æрмæст ма сæ даргь хаутæ тьæбæртг-тьæбæртт кæнынц, цыма, цæстытæ цы уынынц, ууыл дызæрдыг кæнынц, уыйау. — Кæм и ссинаг? — бафарста Дудар, бакъахдзæф кодта йæ мады ’рдæм æмæ къуымтыл ахаста йæ цæст. Цомиан уый æнхъæл нæ уыд... Цыма тæрсгæ фæкодта, ахæм цумайы фæдыл-иу сæм ныры онг цы бæллæхтæ æрцыд, уыдонæн фæстæмæ раздæхынæй тæрсы, афтæ ма иу ныхас скодта. — «Ныр- тæккæ!» — фестад, къæбицæй радавта нартхор æмæ йæ лæппуйы къухы фæсагъта. Дудар райста голлаг æмæ йæ кæрты къаннæг уæрдоны баппæр- ста. Диссаджы рог пут æм фæкаст ацы хатт. Йæ зæрдыл æрбалæу- уыдысты, ныры онг-иу цы ’фсонтæ скодта, уыдон. Уæд пут дæр уæззаудæр уыд, фæндаг дæр æм дарддæр каст, рады лæууын дæр — бирæ, стæй æнхъæлмæ кæс, цалынмæ йæ æрыссой... Цомианы ныр дæр нæма уырныдта, цы уыдта, уый. «Кæд та мæ фæливгæ кæны?» Фæлæ уалынмæ фæцыд кулдуары хъæр, стæй уынгæй æрбайхъуыст уæрдоны хъинц. — Уæ, дæ дыууæ къахы фæхъхъау фон, Замирæт, дæу мын мæ хæдзармæ чи ’рбахаста! — хъæрæй загъта Цомиан æмæ арф ныуулæфыд. Дудар сахатæй фылдæр нæ бафæстиат ис куыройы. Ссад йæ мады раз æрæппæрста æмæ хæлдзæгæй загъта: — Цæттæ у, нана! Мад фыр цинæй йæ хуыйынаг дæр фæуагъта, фестад, ныхъ- хъæбыс кæнынмæ хъавыд йæ лæппуйы, фæлæ та йæхиуыл фæ- хæцыд æмæ ссадимæ архайæг скодта йæхи. — Ауай уал, дæ нывонд фон, дæхи уал аирхæфс, стæй уæд дæ уроктыл æрбаддзынæ. — Æппындæр фæллад нæ дæн, нана! Кæд ма дзы исты кусинаг ис, уæд... «■■■.■' — Ауай, ауай, дæ фæхъхъау фон, ницыуал дзы ис кусинаг, æгъгъæд дын у абон. Дудар сындæггай разылд къæсæры ’рдæм, стæй уым, рахизæ- ны, цæхгæр фæзылд фæстæмæ. — Нана! 197
— Цы кæныс, мæ хуры чысыл? — Мур дæр ницы... — загъта Дудар æмæ рагæпп кодта къæли- дормæ. Ныртæккæ йæ зæрдæ афтæ парахат уыдис, æмæ йæм кæрт дæр куыддæр уæрæхдæр æмæ райдзастдæр фæкаст. Фæндыд æй йæ зæрдæйы æмбæрц стыр исты хъуыддаг бакæнын. Знон кæ- уылты алыгъд, ууылты æрхызт кæртмæ æмæ фæкомкоммæ тæрс суджы лыггæгтæм æмæ сæ цуры фæрæтмæ. Ралæууыд суг сæт- тыныл. Суджы тæгæлтæ фæркгай хауынц кæрты къуымтæм. Фылдæрæй-фылдæр кæны саст суджы рæдзæгъд, фæлæ сугсæт- тæг уæддæр фæллад нæма зоны. Иу хатт фæрæт суджы фасты ныссагъди. Лæппу уыимæ куыд архайдта, афтæ йын цыдæр йæ хæлафы къах айвæзта. Фæстæмæ фæзылд æмæ: — Уæуу, мæнæ Мил! Кæцæй фæдæ? Къаннæг къæбыла йæ фæстæгтыл бады æмæ йæ цæстытæ ныц- цавта Дудармæ. Йæ къуыбыр хъустæн сæ хæд кæрæттæ дæлæмæ фæзæбул сты, йæ къæдзил тилы, хъыс-хъыс кæны йæхимидæг. Иугæр Дудары цины хъæр куы фехъуыста, уæд фæгæпп ласта æмæ йæ раззаг къæхтæ лæппуйы уæрагыл авæрдта. Йæ бырынкъ цæстытæй æддæмæ цæхгæр фæсау, цыма йæ ныртæккæ сау ахо- рæны фæгьыста, уыйау. Дудар фæрæт сагъдæй фæуагъта æмæ къæбылайы фелвæста йæ хъæбысмæ. — Мил, ды ницы æмбарыс, ницы... Æрбалвæста къæбылайы йæ дæллагхъуырмæ, æмæ ма уый цы хъуыд уымæй хуыздæр! Йæ лыстæг æвзаг цъил фестад: куы был- тыл ауайы, куы дæллагхъуырыл æмæ къæбутыл. Дудар йæ цæс- тытæ ныцъцъынд кодта æмæ цыма ныртæккæ уымæй амонд- джындæр нæй а хъæуы, афтæ æнæуынæр худы æмæ ма дзуры: — Мил... Мил!.. Мил!.. Цомиан сæм каст рудзынгæй, лæппу йæ куыд нæ бафиппайд- таид, афтæ æмæ йæ, æвæццæгæн, йæхæдæг дæр не ’мбæрста, цины цæстысыгтæ йæ уадултыл куыд згъордтой, уый. Цалдæр боны фæстæ Сланон фембæлд Цомианыл æмæ йæ афарста: — Хæдæгай, Цомиан, айразмæ дын цы дæсныйæ дзырдтон, уый дæм нæма ’рцыд? Цомиан фестъæлфыд. — Дæлдзæх фонт! Ницæмæн мæ хъæуынц! Фæлитой рувæстæ! Адæмы фæллой сайынц æмæ ма сæ ноджы кæрæдзийыл дæр ар- дауынц... Цыдæриддæр а бæстыл дæснытæ ис, уыдон мын Зами- рæты къахы иу ныхы фæхъхъау фонт! — Уæд дæ хæрзæггурæггаг мæн, Цомиан, æз дæм æрæрвыстон уыцы дæсныйы... Сланон йæ ныхас æххæст нæма фæци, афтæ Цомианæн йæ бед- ра йæ къухæй æрхуад, иу-цалдæр секунды федзынæг, стæй ных- худт, йæ цæнгтæ дард фæхаста æмæ Сланоныл йæхи баппæрста. 198
ПЛИТЫ ХАРИТОН (1908-1966) XX æнусы 30-æм азты ирон литературæ схызт ног къæпхæнмæ. Фысджытæ се ’ргом тынгдæр аздæхтой сæ дуджы темæ- тæм, царды æцæгдзинад равдисынмæ. Нæ литературæйы фæзынди стыр эпикон уац- мыстæ: повестгæ, романтæ, поэмæтæ. Æрмæст 1930—1932 азты ирон поэтты æмæ прозаик- ты фыццаг чингуытæй мыхуыры рацыди дæс æмæ ссæдзы бæрц. Ирон литерату- рæйы историйы ахæм бæркадджын азтæ уæды онг нæма уыди. Уыцы рæстæджы рацыди Плиты Харитоны æмдзæвгæты чиныг «Цæхæртæ». Уæд фæзынди йæ зындгонд поэмæ «Сæлимæт» дæр. Плиты Дауыты фырт Харитон (Хадо) райгуырд 1908 азы 8-æм сентябры Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Ручъы хъæуы. Ам райста райдиан ахуырад дæр. 1930 азы каст фæци Сталиниры педагогон техникум æмæ куыста ахуыргæнæгæй. Фæстæдæр йæ ахуыр адарддæр кодта Мæскуыйы философи, литературæ æмæ историйы институты, фæлæ йæ кæронмæ каст нæ фæци. Бирæ азты æнувыдæй фæкуыста чингуыты рауагъдад «Ир»-ы, журнал «Мах дуг» æмæ газет «Молодой коммунист»-ы редакциты. Ирон литературæйы йæ фыццаг къахдзæфтæй фæстæмæ æмцыд кодта цардимæ, йæ уацмыстæ фыст сты ахсджиаг, актуа- лон темæтыл. Йæ фæлгонцтæ — ирд, йе ’взаг — цыргъ æмæ рæ- сугъд. Цы лирикон æмдзæвгæты чингуытæ рауагъта («Цæхæртæ», «Зæрдæ»), уыдон фæхъæздыгдæр кодтой ирон лирикон поэзи. Йæ кадджытæ «Сæлимæт», «Уæлахизы кадæг», «Арагва» зынгæ бынат æрцахстой ирон эпикæйы. Харитоны сфæлдыстады æппæ- ты зынгæдæр уацмыс у поэмæ «Сæлимæт». Уый уыди авторы стыр уæлахиз. Йæ уацмысы хъайтарæн равзæрста хæххон чызг Сæлимæты, равдыста йын йæ миддунейы рæсугъддзинад. Фыссæджы сфæлдыстады зынгæ бынат ахсынц, сабитæн цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон. Йæ чингуытæй («Дидинæг», 1939; «Æнусон цин», 1940; «Тузар», 1948; «Сабитæн», 1959) дзæвгар фæхъæздыгдæр кодта ирон сывæллæтты литературæ. Поэт сы- вæллæтты царды фæзилæнтæ хорз кæй зыдта, уый фæрцы йæ къухы бафтыд рæзгæ фæлтæрæн зæрдæмæдзæугæ аивадон уац- мыстæ сфæлдисын. Ирон мад йæ чысыл хурæн авдæнмæ цы за- рæг кодта, уыцы æмдзæвгæ «Инал» абон дæр ма у, сывæллæт- тæн нæм цы зарджытæ ис, уыдонæн сæ хуыздæртæй. Сабийы зæрдæйы «цы байтауай, уый æркæрддзынæ», куы бахъомыл уа, уæд. Уый хорз æмбæрста Харитон æмæ йе ’мдзæвгæты бирæ пай- дайаг, бафæзминаг хъуыддæгтыл ахуыр кæны йæ кæстæрты. 199
ИНАЛ Нанайы зæрдæ, ой, Иналæй райы, ой. Нана Иналы æрвылбон найы, Æрвылбон найы, гъей! Нана Иналмæ, ой, Рæвдаугæ зилы, ой, Йæ буц лæппумæ йæ къух фæтилы, Йæ къух фæтилы, гъей! «Æруай-ма ардæм, ой, Гага дын раттон, ой, Хъæрмуст доны дæ дзæбæх ныннайон, Дзæбæх ныннайон, гъей!» Инал фæхуды, ой, Æрбады тасы, ой, Лæппын бабызау уый доны хъазы, Уый доны хъазы, гъей! Æрбакæсут-ма, ой, Сыгъдæг — йæ дарæс, ой. Инал ысрæсугъд, Инал — хæрзарæзт, Инал — хæрзарæзт, гъей! ХЪÆДЫ Диссаг у сæрдыгон хъæды: Саунæмыг фыр задæй цуды, Цъæх сыфтæр æрттивы хурмæ, » Æмæ сау цæстау фæлгæсы, Ризы цупалгай хъæлæрдзы, Мæцкъуы схъулон æмæ худы, Акъул, атасыди зулмæ. Сыхсы сыфтæрты æмбæхсы. Хурмæ срæгъæд и мæнæргъы, Уагъылы фæсырх гæзæмæ. Гагадыргътæ сæрды дæргъы Сабитæм кæсынц æнхъæлмæ. гыцци Бирæ фæрæвдыдтай Ьуцæй *æ хъæбысы Уæ, гьщци, мæн, ’ Схастон мæ рæз. Арæх-иу аргьæуттæ Ракæс-ма абон дын Кодтай мæнæн Ногдзау дæн æз! Хъарм-иу мæ бамбæрзтай, УаРзын мæ ™нгуытæ, «Хур» мæ хуыдтай. Уарзын мæ хъæу, «Ахуысс мын, айрæз мын!» - Уарзын Фыдыбæстæ, Заргæ дзырдтай. Уарзын æз дæу. 200
ГÆДЫ ÆМÆ ЙÆ ЛÆППЫНТÆ Дыууæ лæппыны — Нæ цъæх гæдыйæн. Нæ фæцух вæййынц Сæ кæрæдзийæ. Сæ мад сæ дары Йæ хъарм хъæбысы, Хъырнгæйæ иумæ Æнцад фæхуыссынц. Куы райхъал вæййынц Гыццыл лæппынтæ, Уæд мады сæрты Кæнынц гæппытæ. Нæ уаты къуымты Кæрæдзи сурынц. Тæбын къуыбылой Сæ разæй тулынц; Мыст æй æнхъæлынц, Мыстау дзы хъазынц, Сæ цыргъ ныхтæй йæ Сæхимæ ласынц. Сæ иу ыслæууы Йæ фæстаг къæхтыл Æмæ уæлгоммæ Æрхауы зæххыл. Йæ фарсмæ иннæ Цæрдæг æрхуыссы, Кæрæдзи хъуыртыл Æнгом ныттыхсынц. НАЙЫНМÆ Æрдз рæсугъд у, райы бæстæ, Худы хуры тынтæй бон. Хъæугæрæтты сойджын фæзтæм, Хъазгæ, заргæ згъоры дон. Сывæллæттæ уырдæм уайынц, Уым фæленк кæнынц сындæг. Уым сæхи уæнгрогæй найынц. Дон у хъарм æмæ сыгъдæг. Иу дзы иннæйы фæсуры, Нал фæбады, нал æнцад. Чи дзы змисыл, чи та дурыл Хурмæ ахуыссы фæснад. Сæрды баулæфынц иумæ, Рæстæг не ’рвитынц æвзæр. Ахуырмæ та ног тыхтимæ Зæрдæ райдзæни хуыздæр. ХОХАГ РАЙСОМ Хуры тын хуссæрттыл хъазы, Айнæгмæ худгæ кæсы, Бæлæстæн се ’ртæхтæ нуазы, Сыфтæрæн цинад хæссы. Фосы дзуг апырх ис фахсыл, Сæрвæты хизынц нæ хъом. Фыййау йæ уадындзæй уасы, Азæлы зарæгæй ком. Къæйтыл æхсæрдзæн æстьæлфы, Размæ кæны уый хæлæф. Хъæубæстæм рог ирдгæ скъæфы Нæзытæн, назтæн сæ тæф. Райсомы æртæхтæ тайынц, Рухс зæрдæ нал у фынæй. Сабитæ хъæлдзæгæй уайынц Ахуырмæ заргæ рæвдзæй. 201
ИЛАСЫ БÆЛЛИЦ Йе скъоламæ тагъд-тагъд Рацæйцыд Илас, Хæдтæхæг фæцæйтахт, Лæппу йæм æскаст. Бабæллыд æм, худы, Дзуры йæм хъæрæй: — О тæхæг, тæхуды, Гъеныр фест дæуæй! Ды æппæтæй раздæр Хуры тын уыныс, Дардыл у дæ каст дæр, Бирæ дæм и ныфс. Феныс хæхтæ, фæзтæ, Денджызтæ, Мæскуы. Тар хъæды бæлæстæ Феныс ды, бæгуы. Абон уал цы кæнон Æз дæумæ хæлæг! Скъола каст куы фæуон, Æз куы суон тæхæг, — Хæдтæхæгæн дардыл Анæрдзæн йæ хъæр, Уæд тæхдзынæн арвыл Раст дæуау æз дæр. МАМСЫРАТЫДÆБЕ (1907-1966) Зындгонд фыссæг Мамсыраты Хабийы фырт Дæбе райгуырди 1907 азы Цæгат Иры- стоны Быдыры Дæргъæвсы 9 августы мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. Зын æмæ æвадат уыдысты суинаг фыс- сæджы сабийы бонтæ. Йæ сидзæры уæззау уаргъыл (авд сывæллоны кæстæр) ма бафты- дис æвирхъау бæллæх — йæ галиу цонг ын дæсаздзыдæй атыдта найгæнæн машинæ. Дæбейы ахуыры фæндаг райдыдта Æрыдоны пансионатæй, фæстæдæр та Чырыстонхъæуы скъола (ныртæккæ Дигорайы 1-æм скъола) æмæ Цæгат Ирыстоны педагогон техникум. 1933 азы Дæбе ахуыр кæнын райдыдта Ленинграды истори, философи æмæ литературæйы институты. Фæлæ, йе ’нæниздзи- над кæй фæцудыдта, уый тыххæй йæ бахъуыд ныууадзын йæ ахуыр æмæ æрыздæхын фæстæмæ Ирыстонмæ. Дæбе куыста бæрнон бынæтты газеттæ æмæ журналты редак- циты. Уыдис аивады хъуыддæгты управлениты сæргълæууæг, Фысджыты цæдисы сæрдар, Сæйраг советы æмæ Дзæуджыхъæуы горсоветы депутат. Йæ зæрдиаг æхсæнадон архайд æмæ стыр сфæлдыстадон куы- сты тыххæй Дæбе хорзæхджын æрцыд Ленины æмæ Фæллойы 202
Сырх Тырысайы ордентæй. Уыдис Къостайы номыл Паддзаха- дон премийы лауреат. Йæ фыццаг къахдзæфтæ сфæлдыстадон куысты Дæбе райдыд- та, педагогон техникумы ма куы ахуыр кодта, уæд. 1927 азы мы- хуыры фæзындысты йæ фыццаг æмдзæвгæтæ, 1931-æм азы рацы- дысты хицæн чиныгæй («Фыццаг къахдзæфтæ»). 1937 азы мы- хуыры фæзынд йæ радзырдты æмбырдгонд «Царды къæпхæнтыл». Уæрæх чиныгкæсæгæн зындгонд сты Дæбейы романтæ «Уæз- зау операци» (1939 аз), «Æхсарбег» (1940), «Хъæбатырты ка- дæг» — трилоги (1-аг т. — 1948, П-аг т. — 1956, Ш-аг т. — 1958), «Адæм адæм сты» (1960 аз), йæ драмон уацмыстæ «Æфхæрдты Хæсанæ», «Бæтæйы фырттæ», «Номылусы цот» æмæ æнд. Зынгæ фæхъæздыгдæр кодта Дæбе йæ уацмыстæй ирон сы- вæллæтты литературæ. 1941 азы хицæн чиныгæй рауагъта æртæ- актон пьесæ «Хъæбатыр лæппу», «Æмдзæвгæтæ æмæ поэмæтæ сы- вæллæттæн» (1942 аз), радзырдтæ «Хинæйдзаг сæгъ» (1964 аз). Дæбе кæддæриддæр фыста, сабиты зæрдæты цæрæнбонтæм чи баззайдзæн, ахæм аргъæуттæ, таурæгътæ, радзырдтæ. Уæл- дай зæрдæмæдзæугæдæр сты «Суадæттæ», «Магуса Гæбис», «Джерихан», «Хърихъупп Бипп-бипп» æмæ æнд. Сæ фылдæр тæлмацгонд сты нæ бæстæйы адæмты æвзæгтæм дæр. ХÆЛÆРТТÆ ( Цыбыргондæй) Рæсугъд род нæ уыдис Богал. Фæлæ йæ Бадег йæхимæ рай- ста. Зылдис æм хорз. Хæринаг ын лæвæрдта, зоотехник Батыр- бег куыд амыдта, афтæ. Арæх æй надта доны. Æмæ род снард, срæсугъд. Йæ хъуын лæгъз сбадтис. Афтæ сахуыр Богал Бадегыл, æмæ йын-иу дардмæ йæ ныхас куы фехъуыста, уæд-иу йæ размæ æрбацыдис. Бадег йæхæдæг дæр тынг сахуыр Богалыл. Куыддæр сихор бахæры, афтæ ацæуы быдырмæ. Фæсиды Богалмæ. Йæхимæ йæ æрбакæны æмæ хъазы йемæ, ахуыр æй кæны ныхас æмбарыныл. Абон дæр уымæн ацыд Бадег быдырмæ. Йæ фæндаг уыдис фермæйы рæзты. Куыддæр фермæйы фæстæ æрхмæ фæзылди, афтæ фехъуыста кæцæйдæр къæбылайы ниуын. Бафæндыд æй, цæмæн ниуы къæбыла, уый базонын, æмæ йæ бацагуырдта. Уый уыдис хæрз гыццыл къæбыла. Йæ цæстытæй дæр нæма ракасти. Йæ хъуын уыдис цъæх. Йæ ных уыдис урс зыгъар. Тынг рæсугъд къæбыла уыди. Чидæр æй йæ мадæй фæиртæста, рахаста æмæ йæ аппæрста. Рабыр-бабыр кодта къæбыла, агуырдта йæ мады. Йæ сыгъ- дæг, рæсугъд мукъуйæ сгæрста дуртæ, къодæхтæ æмæ йæ мады куы нæ ардта, уæд кæуын-уасын байдыдта. Тынг фæтæригъæд кодта Бадег къæбылайæн. Йæ хъæбысмæ йæ систа. Къæбыла буары 203
хъарм куы бамбæрста, уæд йæ ниуынæй фенцад æмæ йæ мукъуйæ сгæрста Бадеджы фæрстæ. Йæ мад æнхъæл ын уыдис æмæ дзы дзидзи агуырдта. Уæд ын тынгдæр фæтæригъд кодта Бадег. Бирæ фæлæууыдис æмæ хъуыды кодта, цы йын бакæна, ууыл. Йæ бынаты йæ ныууадзид, æмæ сыдæй амæлдзæн. Тæригъæд у, зæгьгæ, йæ ахаста йемæ æмæ ацыд Богалмæ. Бадег бахæццæ Богалмæ. > — Богал, рауай-ма ардæм, — фæдзырдта родмæ. Богал Бадеджы ныхас куы фехъуыста, уæд æм æрбацыд, йæ разы æрлæууыд æмæ йæм хæрдмæ скасти. Бадег родмæ къæбы- лайы бадардта æмæ йæ бафарста: — Фен-ма йæ, хорз къæбыла нæу? Богал басмыста къæбыламæ æмæ та Бадегмæ скасти... Бирæ фæлæууыд Бадег. Къæбыла уыдис æххормаг, ниудта æмæ йæ бафсадын хъуыд. Бадег рацыдис сæхимæ. Къæбылайы сылыйæ бафсæста, æмæ уæд уый дæр нал ниудта. Изæры Бадеджы фыд Гæрц куыстæй æрцыд. Къæбыла куы федта, уæд Бадегмæ тынг хæцыд, сæ хæдзармæ йæ кæй æрбахас- та, уый тыххæй. Цы кодтаид Бадег? Тарсти нæмынæй æмæ йæ рахаста аппарынмæ, фæлæ кулдуармæ куы рахæццæ, уæд та фæ- тæригъæд кодта къæбылайæн. Фæстæмæ кæртмæ хъуызгæ бацы- дис Гæрцы сусæгæй æмæ йæ скъæты кæвдæсы бамбæхста. Йæ мадæй йæхи æфсон æхсыр ракуырдта æмæ йæ къæбылайæн 6а- дардта. Йæхæдæг Богалы бынат æфснайынмæ ацыдис хъомты фермæмæ. Сусæгæй фæхаста Бадег къæбылайы. Ахуыр æй кодта адæйма- джы ныхас æмбарыныл. Ном дæр ыл сæвæрдта «Кути», зæгъгæ. Тынг æмбарын байдыдта Кути лæджы ныхас. Афтæ йæ са- хуыр кодта Бадег. Къухæй йын цыфæнды дзаумамæ ацамон, æрба- дав-ма йæ, зæгъгæ, уæд-иу æй уайтагъддæр æрбаскъæфтаид йæ дзыхы. Иу хатт Бадег найынмæ ракодта Кутийы. Хиды размæ куы рахæццæ сты, уæд ауæзтыл чи бадт, уыцы лæппутæ ныцъцъæ- хахст кодтой. , Базгъордта сæм Бадег. Кути дæр базгъордта йæ фæдыл. Уыцы рæстæджы стыр доны тæккæ зилæны фæзынди иу лæппу æмæ та фæстæмæ доны аныгъуылдис. Бадег уый куы ауыдта, уæд фæ- хъæр кодта Кутийыл: — Кути, Кути! Тагъд, тагъд!.. — æнгуылдзæй ацамыдта Бадег, дон кæй фæцæйласта, уыцы лæппумæ. Кути хиды былыл алæууыд. Ныггæпп кæнынмæ хъавыдис, фæлæ зилгæ дон куы ауыдта, уæд йæ ныфс нал бахаста. Катай кодта. Скаст хæрдмæ Бадегмæ, цыма йын, кæй нæ уæндыд, уый æмбарын кодта, афтæ. ,— Марадз! — фæхъæр та йыл кодта Бадег æмæ та йын донмæ ацамыдта. 204
Уæд Кути йæхи фехста донмæ. Асырдта, дон кæй фæцæйлас- та, уыцы лæппуйы. Куыддæр æй ныййæфта, афтæ та лæппу доны бын фæцис. Фæлæ та гыццыл фæстæдæр фæзындис, æмæ йæ уæд Кути ныййæфта. Йæ хæдоныл ын фæхæст дæндæгтæй æмæ йæ ленкгæнгæйæ былы ’рдæм ласта. Лæппутæ азгъордтой сæ фæдыл. Уалынмæ хъæуæй дæр фæдис рахæццæ. Тыхтæ-амæлттæ кодта Кути доны былмæ раленк кæнынæн, фæлæ йæ тыхджын доны уылæнтæ ныццавтой дурыл æмæ йæ лæппуимæ баппæрстой стыр зилæнмæ. «Фесæфтис лæппу», — загътой адæм. Фæлæ та уæдмæ Кути сзындис доны бынæй. Йæ дæндæгтæй фидар хæцыдис лæппуйы дзаумæттыл. Нæ йæ суæгъд кодта. Ленк кæнын та байдыдта былмæ, кæд йæ синтæ тынг фæцæф сты, уæддæр. Былмæ куы рахæццæ Кути лæппуимæ, уæд адæм йæ размæ базгъордтой æмæ уадзыгæй райстой лæппуйы. Кути дæр дзæбæх нал лæууыд йæ фæстаг къæхтыл, æмæ сæ сæ хъæбысы рахастой адæм. ХЪРИХЪУПП БИПП-БИПП (Радзырд) '■ I Ралæууыд фæззæг. Быдыртæ фæбур сты. Хъæды алыхуызон бæлæсты сыфтæртæ алыхуызонæй сæрттывтой. Арв ма сæрдыгон арвау уыдис сыгъдæг, фæлæ ныр фæфæлурс- дæр. Хур ма касти дардæй, фæлæ куыд фæтавы, афтæ нал тавта. Ахæм рæстæджы уæлдай æнæнцой вæййынц, хуссармæ чи фæтæхы, уыцы мæргътæ. Уыдонæн даргъ æмæ зын у сæ балц. Цы рæдыдтытæ, цы бæллæхтæ сыл нæ сæмбæлы фæндагыл! Æмæ бынатæй чи атæхы, уыдон се ’ппæт нæ фæхæццæ вæййынц хъарм бæстæм: бирæ дзы фесæфы. Хъуырруйы хърихъуппытæ, къорды хистæртæ, æмбæрстой фæндаджы зындзинæдтæ æмæ уыцы сагъæсхуыз уыдысты, тæ- хыныл хъуыды кæнын куы байдыдтой, уæдæй фæстæмæ. Хис- тæрты хистæр Хъуырруй йæхæдæг уыдис. Уый цыппар хатты атахтис хуссармæ æмæ дзы цыппар хатты раздæхтис фæстæмæ. Æмæ уымæй дæр æрмæст иунæг хатт тахтис разтæхæджы фæстæ. Иннæ æртæ хатты йæхæдæг разтæхæг уыд. Ацы аз дæр та уый уыдзæн разтæхæг, уымæн æмæ дзы фæндæгтæм уымæй дæсныдæр ничи у. Разтæхæджы та уæлдай фылдæр мæт вæййы. Уый æппæт балцы тыххæй дæр дзуапп дæтты, стæй йын балæй алчидæр хицæнæй хъахъхъæнинаг у. Уæлдай хъахъхъæнинаг та сты æрыгæттæ, фыц- цаг хатт чи тæхы, уыдон. Æрыгæттæ се ’ппæт æмхуызон æмбаргæтæ не сты. Ис дзы рæузонддæртæ, фыдуагдæртæ. Уыцы фыдуæгтæ та фæндаджы 205
зындзинæдтæ нæ зонынц. Æрмæст сæм тæхын хорз кæсы æмæ тагъддæр куы атæхиккой, æндæр сæ ницы хъæуы. Хъуырруй та зоны, æрыгон рæузондтæм сæрмагонд цæст куы нæ дара разтæхæг, уæд фæндагыл иуварсмæ атæхтытæ кæнынц, фæстейы баззайынц, кæнæ та размæ батæхынц. Æмæ уыцы уæл- дай митæй хъыгдарынц къорды, стæй сæхицæн дæр тас у фесæ- фынæй. II Æмæ балы се ’ппæтæй мæстыдæрхуыз уыдис атæхыны размæ сæ хистæр Хъуырруй. Уый-иу йæ иу къах хæрдмæ скъæдз кодта, лæууыдис иунæг къахыл, йæ сæр-иу йæ базыры бын атъыста, цыма фынæй уыдис, афтæ. Фæлæ Хъуырруйы хуыссæг нæ ахста. Уый æдзухдæр хъуы- ды кодта сæ фæндагыл. Мысыдис, кæуылты тахти, цавæр хъæу- ты, горæтты, æфсæнвæндæгты, электростанцæты, заводты, хъæд- ты æмæ æндæрты сæрты тахтис, уый, цæмæй йæ фæндаг йæ цæстытыл бæлвырддæр ауайа. Йæ алыварс-иу æрбамбырд сты, балы ма цы æртæ хистæры уыдис, уыдон. Хъуырруйæн зыдтой йæ тых æмæ фæлтæрддзи- над. Æмæ-иу æм цыдысты бауынаффæ кæныны тыххæй. — Цæй, куыд зæгъыс, Хъуырруй, тæхæм æви нæма? Тæхын райдыдтой дзывылдартæ, зæрватыччытæ, уæрццытæ... Уæдæ нæ цæгатаг хърихъуппытæй дæр цалдæр балы атахтис, — дзырдтой Хъуырруйæн хистæр хърихъуппытæ. Дзуапп раттыны размæ-иу бирæ фæхъуыды кодта Хъуырруй. Йæхæдæг дæр кастис æмæ уыдта, йæ алыварс мæргьтæ цытæ кæнынц, уый. Æвиппайды бæстæ «брриу-брриу» свæййы уæрццыты базыр- ты хъæрæй, Здыхуыз мигъау, уæлдæф сæхгæнынц æмæ тæхынц доны сæрты йе ’ннæ фарсмæ. Раст зæгъын хъæуы, зын тæхæн у уæрццытæн дæр. Фæз- зæгмæ тынг снард вæййынц, фыдæй сæхгæнынц. Уымæ гæсгæ спæррæст кæнынц, иучысыл атæхынц æмæ та фæстæмæ æрба- дынц. Сæ фæллад суадзынц, стæй фистæгæй дзæвгар фæцæуынц æмæ та спæррæст ласынц. Æнцон тæхæн у дзывылдартæ æмæ зæрватыччытæн. Уыдон рог цъиутæ сты, афтæмæй сын тыхджын базыртæ ис. Дзывыл- дартæ, нæмыгау, уæлдæфы цъыввытт-цъыввытт, зæгъгæ, атæхынц æмæ сæ цæст уынгæ дæр нал акæны. Зæрватыччытæ та стыр балтæй уæлдæфы зилдух байдайынц сæ зæрдæйы дзæбæхæн, афтæмæй тæхынц хъарм бæстæтæм. Фæлæ хъазтæ, хърихъуппытæ æмæ æндæр мæргътæ дæр уæззау кæнынц, сæ базыртæ æмхуызон уæззау тилынц æмæ æппынæдзу- хæй кæрæдзимæ фæхъæр кæнынц сæхи æвзагыл, кæрæдзийæ куыд нæ фæиртæсой æмæ куыд нæ ныдздзæгъæлтæ уой, афтæ. 206
Хъуырруй зоны, фæндагмæ цас фылдæр æмæ хуыздæр фæхи- зой, цас фылдæр тых сæмбырд кæной, уый бæрц сæ балц хуыз- дæр кæй уыдзæн. Æмæ-иу æй иннæ хърихъуппытæ куы фарстой, цæй-ма, мах та кæд атæхдзыстæм, зæгъгæ, уæд сын сабыр ныхасы уагæй дзырдта: — Багъæцут-ма чысыл. Кæстæртæ ма дзæбæх ахызтытæ кæ- ной. Фæфидардæр уой. Раздæр чи атæхы, уыдон раздæр нæ ба- хæццæ вæййынц хъарм бæстæм, фæлæ йæхи фылдæр чи фæцæттæ кæны, уый бахæццæ вæййы раздæр. Æмæ-иу уæд уыдон кæстæрты ’рдæм сæхи байстой. Сæхæдæг дæр хызтысты кæстæрты фарсмæ æмæ сын дзырдтой: — Ахизут, ахизут, нæ хуртæ. Тагъд тæхгæ кæндзыстæм æмæ, ныртæккæ хорз чи нæ фæхиза, хъару кæмæ нæ уа, уымæн зын уыдзæнис. III Кæстæр хърихъуппытæ не ’мбæрстой, сæ хистæртæ афтæ æнкъард æмæ сагъæсхуыз цæмæн сты, уый. Уыдон ацы уалдзæ- джы райгуырдысты. Ахстæттæй куы рахызтысты, уæд сæ ал- фамблæйтты тахтысты æмæ уым сæхицæн хæринаджы амал код- той. Дард никуыма атахтысты æмæ нæ зыдтой, фæллад циу, уый. Нæ зыдтой, уыдон, сæхи цы фæндагмæ цæттæ кодтой, уый цас зын у, уыцы хабар дæр. Дзæбæх сæм кастис тæхын æмæ нал хъæцыдысты, Хъуырруй сæ разæй кæд сыстдзæнис æмæ йæ фæдыл кæд атæхдзысты, уæдмæ. Кæстæр хърихъуппыты æхсæн уæлдай хъæлдзæгдæр уыдис цырд Бипп-бипп. Балы кæстæртæн уый сæ тæккæ кæстæр уыдис, се ’ппæтæй фæстæдæр рахызтис йæ айчы хъузгæй. Гуыргæ дæр ракодта, куыд цæрдæг у, афтæ тагъд. Иннæ лæппынтæ куыд æнцадгай къæртт кодтой сæ айчы хъузджытæ, афтæ æнцадгай йæ нæ хуынкъ кодта Бипп-бипп. Уый йæ урс цыргъ бырынкъæй уай- тагъд фегом кодта айчы хъузг æмæ дзы федде ис. Мад йæ бынмæ куы æркасти æмæ дзы Бипп-биппы æнæ айчы хъузгæй уымæлæй куы ауыдта, уæд фыр диссагæй йæ лыстæг даргъ къæхтыл фестадис æмæ ноджы лыстæгдæр ныккаст ног лæп- пынмæ. Уæд ма лæмæгъ уыдис Бипп-бипп. Слæууын нæма фæ- рæзта, йæ сæр ма уæззау дзой-дзой кодта. Фæлæ тагъд слæууыд йæ къæхтыл æмæ мады фæдыл зилын байдыдта хæринаг агурæг. Цырд æмæ сæрæн цъиу рахаста Бипп-бипп. Уый тыххæй йæ мад йæ иннæ цъиутæй фылдæр уарзта. Бирæ йæ уарзта балы хистæр Хъуырруй дæр æмæ йын хатыр кодта йæ фыдуаг митæ. Æмæ йæм фыдуаг митæй та цы уыдис? Хизгæ-хизын-иу балæй ацыдис. Æгæр адард, уый-иу куы ба- зыдта, уæд æм-иу фæзынди балы фæтæрсын кæныны хъуыды. Æмæ-иу æй цыма рувас кæнæ æндæр исты сырд æрцахста, афтæ йæ лыстæг хъæлæсы дзаг хъæр кæнын байдыдта: 207
— Би-пп-ипп! Би-и-ипп! Удаист хърихъуппыты бал-иу азгъордтой, хъæр кæцæй цыд, уырдæм, Бипп-биппæн баххуыс кæнынмæ. Æппæты фыццаг-иу бахæццæ Хъуырруй, уый хæд фæстæ та — Бипп-биппы мад. Уæд-иу Бипп-бипп худæгау сабыр æмæ фæлмæн уасын рай- дыдта: — Бипп, бипп, бипп! Бипп, бипп, бипп! Хъуырруйæн дæр-иу йæ тарст ссыдис æмæ сабыргай бауасыд: — Хъуырруй! Хъуырруй! — цыма цин кодта, æгасæй ма кæй баззад Бипп-бипп, афтæ. Уыцы фæдисты тыххæй йыл Хъуырруй сæвæрдта «Бипп-бипп». Æмæ кæд ныр сдынджыр, бипп-бипп нал кæны, фæлæ ставд хъæ- лæсæй «хъуырриу» байдайы, уæддæр йæ ном йæ уæлæ баззад. Ныр дæр тæхыны размæ иннæ æрыгæттæй уæлдай цæрдæг- дæр ссис Бипп-бипп. Хæрын æм нал цыдис, зылдис йе ’мбæлттыл æмæ сæ йæ даргъ бырынкъæй къуырццытæ кодта. Бæлццон хърихъуппыты бал-иу сæ сæрты куы æрбацæйтахт, уæд-иу Бипп- бипп дæр стахт. — Сымах никуы атæхдзыстут. Æз уыдонимæ тæхын, зæгъгæ- иу атахт æмæ хистæрты мæстæй марынæн сырдта бæлццон балы. Бахæстæг-иу сæм, стæй-иу раздæхт æмæ та-иу йæхи балы раз æрбадтис. IV Æппынфæстаг æрхæццæ ис сæ тæхыны бон. Иууылдæр сæ хизын ныууагътой æмæ æнцад лæууыдысты. Ныр Хъуырруй æнкъард æмæ сагъæсхуыз нал уыд. Йе ’нгасы зындис тыхджын æмæ фæлтæрд хърихъуппы ныфс. Хъæлдзæг уыдис æмæ уымæй хъæлдзæг кодта æппæт балы дæр. — Хъуырриу! Цæй-ма, тæхæм æви нæма? — фарстой йæ кæс- тæртæ. . — Хъуырруй! Ныртæккæ, ныртæккæ, мæ хуртæ. Чысыл ма багъæцут, — дзуапп лæвæрдта уый. Хур чысыл йæ был сдардта, афтæ сæм дардæй æрбайхъуыс- тис тæхæг хърихъуппыты уасын. Хъуырруй йæ сæр иуварс азылдта æмæ каст тæхæг балмæ. — Сæ разтæхæг фæлтæрд у, бæрæг у йæ уасынæй, — загъта Хъуырруй. .1 Сæ сæрты æрбаталтысты дыууæ даргъ халæй бæлццон хъри- хъуппытæ æмæ адард сты. Уалынмæ бынтондæр фæаууон сты арвы цъæхы.Æрмæст ма дардæй хъуысти сæ уасын. Хъуырруй та йæ сæр иннæрдæм азылдта. Хур зæххæй фæхи- цæн æмæ чысыл ссыдис арвыл. Фæстаг хатт ма афæлгæсыдис Хъуырруй йæ къордыл. Стæй йæ гуыр размæ ауагъта, фæхæлиу кодта йæ базыртæ æмæ сæ уæззау æрриуыгъта. Фæхицæн зæххæй. 208
Бипп-бипп нырмæ дæр тыххæй лæууыдис. Æмæ уайтагъд æппæ- ты разæй стахтис Хъуырруйы фæдыл. Уый фæдыл стахтысты иннæтæ дæр радгай. Æппынфæстаг стахтысты хистæр хърихъуп- пытæ æмæ, цы дыууæ рæнхъыл адаргъ сты къуымау Хъуырруйы фæдыл, уым кæрæттæ æрцахстой. Цы не ’рцæуы æвæлтæрд, æрыгон хърихъуппытыл æмæ сæм уæд цæст фæдарын хъæуы! Тынг бæрзонд стахтысты. Афтæ бæрзонд никуыма стахтис Бипп-бипп æмæ йæхицæй ныббуц. Йæ зæрдæ уыд хъæлдзæг. Нал æй фæндыдис рæнхъы тæхын. Йæхи куы фæиуварс кæнид, фы- дуаг митæ куы акæнид æмæ, гыццылæй куыд тæрсын кодта хис- тæрты, афтæ та сæ куы фæтæрсын кæнид, уый йæ æрфæндыд. Фæлæ хистæртæй æфсæрмы кодта, æмæ уал йæхи урæдта. — Хъуырруй! — райхъуыст разæй Хъуырруйы тыхджын хъæр. — Хъуырриу! — дзуапп ын радтой хистæр хърихъуппытæ. Уымæй дарддæр тахтысты афтæ. Хъуырруй разæй хъæр кодта «хъуырруй» æмæ йын фæстæгтæ дзуапп лæвæрдтой «хъуырриу». Фыццаг уый Бипп-бипмæ худæг кастис. Стæй йæхæдæг дæр «хъуырриу», зæгъгæ, хъæр кæнын байдыдта æмæ, кæд йæ хъæ- лæс лыстæгдæр уыдис, уæддæр йæ уаст Хъуырруйы зæрдæмæ цыд. Тахтысты хъæдты, хуымты, хъæуты, горæтты, машинæйы фæндæгты, заводты, электростанцæты сæрты. Сæрды дард никæдæм атахт Бипп-бипп, нæ федта æппæт уыцы диссæгтæ æмæ сæм ныр каст цымыдисæй. Хаттæй-хатт-иу æй «хъуырриу» фæхъæр кæнын дæр айрох. Цы уыдта Бипп-бипп, уыдонæй чи цы у, уый зонын æй фæн- дыдис. Фарста алцæмæй дæр Хъуырруйы. Бипп-бипмæ афтæ ка- стис, цыма Хъуырруй цы нæ зоны, ахæм ницы ис дунейыл. Фæлæ йын Хъуырруй йæ иу фæрстытæн дзуапп дæтты рæвдз, иннæ фæрстытæн дзуапп дæггы æвæндонæй, аннæ фæрстытæ та ба- рæй йæ «хъуырруйы» бын фæкæны, дзуапп дæттын æй куыд нæ хъæуа, афтæ. Æмæ куыд дæтга дзуапп зæронд Хъуырруй Бипп-биппы æппæт фæрстытæн, бирæты дзы йæхæдæг дæр куы нæ зоны, уæд? Дæлæ горæттæ, заводтæ, хъæутæ æмæ æндæртæ цы сты, уыдон хорз зоны Хъуырруй æмæ сæ амоны Бипп-биппæн. Фæлæ сæ фæндагыл зæххы цъар ивгæ кæны азæй-азмæ æмæ дзы цы сæвзæры ногæй, уый йæхæдæг дæр нæма зоны. Зæгъæм, Бипп-бипп бафарста Хъуырруйы: — Дæлæ уыцы хъæд та афтæ цыппæрдигьæтгæ сагъд цæмæн у? Æмæ уыцы фарстæн хъуамæ цы дзуапп радта, цæмæн афтæ у, уый йæхæдæг дæр куы нæ зоны, уæд? Фыццаг хатт куы рацыдис разтæхæг, уæд уым уыдис æнæкæрон тыгъд быдыртæ. Бæласы мыггаг дзы фыны дæр нæ фендæуыдаид. Дыккаг аз куы тахтис, уæд æппæт тыгъд быдыртыл дæр фæзындис цавæрдæр цъæх тæл- мытæ. Æмæ ныр уыдон систы бæзджын бæрзонд хъæд. Цæмæй зоны Хъуырруй, уыцы афтид тыгъд быдырты бæлæстæ куыд фæзындысты æмæ афтæ тæлмытæй цæмæн зайынц, уый? 14 Ирон Л1гтературæ сывæллæтгæн 209
Æмæ-иу ын дзуапп куынæуал лæвæрдта кæнæ йын æвæндо- нæй куы лæвæрдта, уæд-иу æй иу цасдæр нал бафарста. Кастис Бипп-бипп бæрзондæй зæхмæ æмæ Хъуырруйы уас- тæн иннæтимæ «хъуырриу» дзуапп лæвæрдта. Кастис Бипп-бипп зæхмæ æмæ дзы бирæ диссæгтæ уыдта. Стыр фурдтæ калдысты æнцад, сæ уæлцъар хурмæ æрттывта æмæ сыл ленк кодтой наутæ. Сæ былтæ та ахст уыдысты диссаджы хъæд- тæй æмæ атагъатæй, хъамылæй æхгæд цъымаратæй. Уыцы стыр фурдтæн сæ хидтæ дæр даргъ æмæ стыр сты. Уыдоныл цæуынц поездтæ, машинæтæ, уæрдæттæ. Дæлæ доны уæлцъарыл фæхъеллау-фæхъеллау кæнынц кæсаг- ахсджыты лодкæтæ дæр. Бæргæ ахæрид ныртæккæ Бипп-бипп иу-цалдæр лыстæг кæсаджы, фæлæ зæхмæ йæхи нæ уадзы Хъуыр- руй. Дæлæ хæхтæй чи цæуы, уыцы къаддæр дæттæ та, лыстæг тыбар-тыбургæнгæ, тагъд-тагъд фынккалгæ уайынц. Сæ хидтæ дæр цыбырдæр сты. Уыцы гыццыл дæттæн сæ былтыл дæр гыц- цыл атагъатæ ис, хъамылджынæн та дзы фенæн дæр нæй. Зынынц Бипп-бипмæ хæхтæ. Кæрæй-кæронмæ æмæхгæд сты хъæдæй. Ныр фæззæг у, æмæ хъæд хъулæттæ дары, йæ алыхуы- зон бæлæсты мыггæгты сыфтæртæ алыхуызы сбур сты. Хъæдæй уæлдæр, хохы лæгъз рæгьтыл — рæсугъд цъæх кæрдæг æмæ дзы ранæй-рæттæй фæзынынц фæззыгон дидинджытæ дæр. Уыцы кæрдæгджын тъæпæн хæхты сæрмæ райдайынц дыз- гъуынтæ, къуыбыртæ бæгънæг сау хæхтæ. Æмæ сæ бæрзонддæр- ты цъуппытыл урс-урсидæй æрттивынц æнусон цъититæ. Хæхтæм куы фæхæстæг вæййынц, уæд Хъуырруй йæ базыртæ уæззау атил-атил фæкæны æмæ йæхи уæлæмæ исын байдайы чысылгай. Уасы уæд хъæрдæрæй, цыма æмбæлттæн фæдзæхсгæ кæны, йæ фæдыл куыд тæхой æмæ куыд нæ фæдзæгъæл уой, афтæ. Хæхты сæрты куы фæтæхынц хърихъуппытæ, уæд Бипп-бипп бынмæ фæкæсы. Зынынц æм алы рæтты электростанцæты урс- урсид агъуыстытæ, æрзæткъахæнтæ, бирæ фосы дзугтæ, фæлæ нырма Бипп-бипп æрыгон у æмæ, цытæ сты, уый нæ зоны. Бы- дырты сæрмæ тæхгæйæ йын Хъуырруй фæамоны горæттæ, за- водтæ, æфсæнвæндæгтæ æмæ, цы бирæ диссæгтæ фæуынынц, уыдон. Фæлæ хæхты сæрты тæхгæйæ, Хъуырруй «хъуырруй», зæгъгæ, фæхъæр кæны æмæ йын уæд ницыуал фæдзуры. Куы ратахтысты, уый хæд размæ Хъуырруй дзырдта æрыгон хърихъу ппытæн: — Уæхи фидæрттæ кæнут, мæ хуртæ, куыд схъаруджын уат. Не ’рбадæн бынæттæ кæрæдзимæ дард сты, æмæ тæхынæй фæл- тæрд хърихъуппытæ дæр бафæлмæцынц. Фæлæ уый, æвæццæгæн, тæрсын кæнынæн дзырдта. Уæдæ, кæдæй нырмæ тæхынц, æмæ Бипп-бипмæ фæлладæн йæ кой дæр 210
нæма ис. Æмæ йæ бафæндыд фыдуаг митæ акæнын, хибарæй атæхын, дардæй йæ уасын кæмæн хъуысы, уыцы балмæ йæхи байсын æмæ йæ фенын. Йæхи фæиуварс кодта æмæ кæдæмдæр тæхын райдыдта. — Хъуырруй! Кæдæм? — мæсты хъæр æм фæкодта Хъуырруй. — Хъуырриу! Ма мын тæрс, ныртæккæ æрбаздæхдзынæн. Хъуырруйæн балы ныууадзæн æмæ Бипп-биппы фæдыл атæ- хæн нæ уыдис æмæ мæт кодта. Æвæлтæрд у, куы фæдзæгъæл уа! Хъуырруй куы адзæгъæл уа, уымæй дæр тæрсы, уымæн æмæ цы бæрæггæнæнтæм гæсгæ тæхы, уыдоны адæм бонæй-бонмæ æмæ азæй-азмæ ивынц. Бипп-бипп кæны дардæй-дарддæр. Йæ зæрдæ у хъæлдзæг. Йæ базыртæ дæр уæлдай тылд кæны. Тæхы, сыхаг балы уасын чы- сылтæ кæцæй хъуысы, уырдæм. Йæхи уасын дардæй-дарддæр цæуы Хъуырруймæ. Бипп-бипмæ дæр ма чысылтæ хъуысы сæ балы уынæр. Хаты, Хъуырруй йæм куыд сиды лæгъстæгæнæджы хъæлæсæй. Æхсызгон у Бипп-биппæн, тæрсгæ йын кæй кæнынц, уый. Йæхинымæр худы æмæ тæхы дардæй-дарддæр. Хæрз хæстæгæй йæм хъуысын байдыдта сыхаг балы уасын. Фæлæ уыдоны уасынæй уæлдай ма йæ хъус ахсы цавæрдæр æндæр цъиуы уаст. Бынаты ма цалынмæ уыдысты, уæдмæ сæ сæрты цавæр мæргъты мыггаг нæ ратахт, ахæм нæ уыдис. Фе- хъуыста, алчидæр дзы куыд уасы, уый. Фæлæ ныр цы уасын ахсы йæ хъус, уый уыдонæй иуы хуызæн дæр нæ уыдис. Уый уыдис уæззау, уæлдæф ризынгæнæг гуыр-гуыр. Уыцы гуыр-гуыр Бипп-бипмæ кодта хæстæгæй-хæстæгдæр, æмæ тæрсын байдыдта. Дарддæр ма тæха æви йе ’мбæлттæм раз- дæха, уый сагъæс æй бацыд. Уæззау атил-атил кодта йæ базыртæ, афтæмæй ма тахт. Уалынмæ йæм æддозæй арвы цъæхы æрбазындис, гуыр-гуыр чи кодта, уыцы цъиу. Уый тахтис комкоммæ Бипп-бипмæ. Ны- ронг кæй федта, уыдоны хуызæн нæ уыдис, фæлæ уыдис стыр, æвæццæгæн, хърихъуппыты се ’ппæты баиу кæн, уæддæр уыйас нæ уыдаиккой. Тынг фæтарсти Бипп-бипп. Фæзылдис æмæ фæстæмæ йæхи балырдæм тæхын райдыдта. Фæлæ йæм æвирхъау цъиу хæстæ- гæй-хæстæгдæр кодта. Тырны ма размæ бæргæ. Йæ бон куыд у, афтæ тагъд æмæ тыхджын тилы йæ базыртæ. Фæллайын райдыдта. Улæфын нал фæразы. Уæддæр æй æрбаййафы. — Хъуыр-р-риу! Хъуыр-р-риу! — фæдисы хъæртæ ныккодта Бипп-бипп йе ’мбæлттæм, фæлæ йæ хъæр лæмæгъ уыдис. Фæкаст фæстæмæ æмæ йæм бынтон æрбахæстæг æнахуыр цъиу: ныр æм ноджы стырдæр фæкаст, арвы æрдæг бацахста. — Хъуырруй! Хъуырруй! Ма тæрс, фæтæхæм дæм, — æрбай- хъуыст Хъуырруйы хъæр. 211
Фæлæ уыдон дæр ницыуал бакæндзысты. Дард ма сты, стæй сындæгдæр тæхынц, чи йæ æрбасуры, уыцы цъиуæй. Йæ уд йæ хъуыры нарæгмæ схæццæ. Фæлидзæн ын нал ис. Æвиппайды йæ хæд фæстæ цыдæр ныггуыр-гуыр кодта. Бипп- биппы хъустæ фæкъуырма сты. Ахæм тыхджын дымгæ йæ ныц- цавта, æмæ уæлдæфы асæрбихъуырæйттæ кодта. Цыма йæ аныхъ- уырдта, цыдæр ахæм банкъардта, стæй йæ цæстытæ атартæ сты æмæ ницыуал бамбæрста... VI Стыр хæдтæхæг сæ иувæрсты батахт Хъуырруйы балæн. Кæстæртæ фæтарстысты æнахуыр дынджыр маргъæй. Хъуыр- руй дзы куы нæ фæтарст, уæд æрсабыр сты, фæлæ удаист каст кодтой, чи адард, уыцы стыр цъиуы фæдыл. Атахт хæдтæхæг, фæлæ уæлдæфы нал райхъуыст Бипп-бип- пы уасын. Тас бацыдис зæронд Хъуырруйы зæрдæйы. Кæд æй хæдтæхæг ныццавта æвæлтæрд Бипп-биппы? Кæд дзы тæрсгæ фæкодта Бипп-бипп æмæ æндæрырдæм атахт, уæд фæдзæгъæл уыдзæнис. Зилы Хъуырруй йæ балимæ уæлдæфы. Уасы æмæ сиды Бипп- бипмæ. Фæлæ уый дзуапп нал дæтты. Фæстиат кæнæн нæй. Иуы агургæйæ æгæр куы бафæстиат уой, быдырты бæрæг рæтты бæрæг афон куы нæ атæхой, уæд фæдзæгъæл уыдзысты æмæ иунæг Бипп-биппы тыххæй æнæхъæн бал дæр ныппырх уыдзæн. Дарддæр атæхын фæнд дæр-иу скодта, кæд фесæфтис Бипп- бипп, уæд ма йын цы гæнæн ис, зæгъгæ. Архайын хъæуы, ин- нæтæ бынатмæ æнæхъæнæй удæгасæй куыд баирвæзой, ууыл. Фæлæ йæ уæддæр йæ зæрдæ нæ хаста уырдыгæй. Кæд ма искуыцæй æрбайхъуысид Бипп-биппы уасын. Æмæ зилдух кодта арвыл. Уæд æм, æцæг, бынæй чысылтæ сыхъуыст Бипп-биппы хæрз лæмæгъ уасын: — Хъуырр-риу! Бацин кодта Хъуырруй. Уæдæ æгас у Бипп-бипп. Мацы дзы асæттæд, æндæр æй бынатмæ хæццæ кæндзыстæм. Уæлдæфы Хъуырруй йæхи зилгæ æруагьта, Бипп-биппы уасын æм кæцæй фехъуыст, уыцырдæм. Иннæтæ дæр сæ рæнхъ нæ хæлд- той, афтæмæй тахтысты йæ фæстæ. ’ Бипп-бипп лæууыдис ног цагъд хъæмпы раз æмæ рызтис. Уый хæдтæхæджы дымгæ æмæ хъæрæй куы фæсур, уæд æр- хаудта зæхмæ, йæ амондæн, ацы фæлмæнмæ. Хърихъуппытæ афтæ хæстæг куы æртахтысты, уæд хъæуы адæм базмæлыдысты. Бæстæ хъæр æмæ ахст ссис: — Хърихъуппытæ! Тагъд — топпытæ! — Къухæй сæ ахсгæут! — Æвæццæгæн, сæ раздзог фæмард æмæ æрхаудысты. 212
— Нал фæтæхдзысты дарддæр. — Хъуырруй! Æгайтма, æгас дæ! Стæх тагъддæр, — æруасыд Хъуырруй Бипп-бипмæ. Фæлæ Бипп-бипп йæ сæр иуварс сзылдта æмæ сæм каст. Нæма æмбæрста, цы йыл æрцыд, уый. Нæ зыдта, уыцы стыр цъиуæй æгасæй куыд аирвæзт, уый дæр. . Уæдмæ хъæуы уынгты æд дыгайæхстæттæ уадысты цуанæттæ, згъордтой сывæллæттæ. Тæссаг уыд уавæр. Катай кодта Хъуыр- руй, зылдис Бипп-биппы сæрмæ æмæ йæм сидтис. Иу хагг та йæ сæрмæ куы æрбазылдысты, уæд Бипп-бипп йæ базыртæ айтыгъта, тилын сæ райдыдта æмæ стахтис. Галиуырды- гæй рæнхъы æрцахста йæ бынат æмæ сæ фæндаг дардтой. Бынæй ма хъуыстис топпыты гæрæхтæ, адæм тынг уынæр кодтой, фæлæ ныр тæссаг нал уыдысты Хъуырруйы балæн. Уыдон тахтысты сæ фæндагыл. Хъуырруй тахтис сæ разæй æмæ дзырдта Бипп-биппæн: — Дæхи дар, куыд æмбæлы, афтæ, мæ хур. Фыдуаг митæ куы кæнай, уæд дæхи дæр фесафдзынæ æмæ де ’мбæлтты дæр бабын кæндзынæ. Ницы дзырдта Бипп-бипп. Уый йæхæдæг æмбæрста йæ азым. Æрмæст-иу разтæхæджы «хъуырруй»-æн дзуапп радта йæ лыс- тæг «хъуырриу»-æй. Хъуырруй та йын дзырдта дарддæр: — Кæсыс, куыд фæцæйсæфтæ дæ хивæндæй. Мах дæр бирæ ныкъкъуылымпы кодтай, æмæ дарддæр нæ фæндаг æвзæрдæр куы рауайа, уымæй тас у. ■ '■ :-.■■•■ :■■ , ’ VII • , • ■ Хъуырруй йæ базыртæ уæззау аппар-аппар кæнгæйæ, тыр- ныдта размæ. Уый архайдта, цы рæстæг фæхъуаг кодтой, уый баххæст кæныныл. Бæрæг афонты куы нæ атæха бæрæг рæтты сæрты, уæд фæдзæгъæл уыдзæн. Фæлæ Бипп-биппы тыххæй бирæ бафæстиат сты æмæ рæстæг сæххæст кæнын тынг зын уыдис. Æмæ цыма дзæгъæл кæны, афтæ йæм кæсын райдыдта. Йæ уасыны фæзындис дызæрдыгдзинад. Мæнæ иу ранмæ бахæццæ, æмæ уым йæ тахт фæсабырдæр. Йæ сæр ратас-батас кæны æмæ кæсы дæлæмæ, зæхмæ. Йæ бон ницы бамбарын уыдис. Иннæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ цыма сæ фæндагыл раст тæхынц, афтæ йæм зыны. Фæлæ иннæ хæттыты никуы федта, далæ быдырты æмæ хъæдты астæуты чи кæлы, уыцы æнцад стыр дон. Афтæмæй йыл цæуынц сау фæздæг уадзæг стыр наутæ, йæ былтыл ранæй-рæтты дзыгуыртæй лæу- уынц чысыл лодкæтæ. Уæдæ никуы федта Хъуырруй, доны фæрсты цы æнæкæрон цадтæ ис, уыдоны дæр^ Бынтон сдызæрдыг йæ фæндагыл. Тарст уаст кæнын байдыдта. 213
— Хъуырруй, цы хабар у? — хъæр æм кодтой фæстейы хис- тæр хърихъуппытæ. — Æнхъæлдæн, фæдзæгъæл стæм нæ фæндагæй! Бипп-бипп фыццаг хатт фехъуыста Хъуырруйы хъæлæсы уа- джы тас æмæ дызæрдыгдзинад. Бипп-бипп æнхъæл уыдис: Хъуыр- руй ахæм хъæбатыр у, æмæ никæмæй фæтæрсдзæни. Хъуырруй та афтæ сфæнд кодта, æмæ рæдыд фæндагыл дард- дæр тæхыны бæсты раздæхын хъæуы, бæрæггæнæнтæ ногæй бас- гарын хъæуы. Æмæ фæстæмæ раздæхтис. Æппæт бæрæггæнæнтæ дæр куыд амыдтой, уымæ гæсгæ раст тахтысты стыр доны æмæ стыр цадты онг. Фæлæ уыдон сæ фæн- дагыл цæхгæр ныллæууыдысты æмæ сын хæлдтой сæ дарддæры нысантæ. Хъуырруй кастис лыстæг, фæлæ не ’мбæрста, уый дон кæй нæу, фæлæ адæм денджызæй денджызмæ къанау кæй акъахтой сæрды дæргъы, дон дзы кæй ауагътой æмæ йыл наутæ кæй цæ- уынц. Къанауы фæйнæ фæрсты цы стыр цадтæ ис, уыдон та сты йæ доны æнхъæвзæнтæ. Дзæвгар фæгуырысхотæ кодта Хъуырруй, иу ран бирæ фæ- зылдис. Стæй йæхи фæхъæбатыр кодта æмæ атахт дарддæр. Ссардта та фæндаджы бæрæггæнæнтæ æмæ атахтис. Фæлæ тынг байрæджы кодтой. Афонмæ се ’рбадæнмæ хъуамæ хæстæг уаик- кой, фæлæ сæ нырма хъæуы тæхын æмæ тæхын. Фæллайын байдыдтой хърихъуппытæ иууылдæр. Тынгдæр фæлладысты кæстæртæ æмæ ма сæ базыртæ уæззау атил-атил код- той. Уæлдай тынгдæр бафæллад Бипп-бипп, цы тымыгъы бахауд- та, уый фæстæ. Йæ базыртæ атилын ма тыххæй фæрæзта. Йæ уасын дæр хъуыстис ныр хæрзмæллæг æмæ «хъуырриуы» хуызæн нал хъæр кодта, фæлæ йæ уасын цыдис «би-и-ипп»-ы хуызæн. Зæххыл æрбадын тынг фæндыдис Бипп-биппы. Фæлæ нæ бад- тис Хъуырруй. Уый тахтис æмæ тахтис. Йæхицæн та иунæгæй æрбадæн нæй, æмбæлттæй куы фæхицæн вæййынц, уæд сыл цытæ æрцæуы, уый ныр хорз зоны. Боны раивта изæр. Изæры аивта тар æхсæв. Уымæй дæр ахæм сау мигъы бацыдысты, æмæ дзы æппындæр ницы уынæн уыдис. Стæй бахызтысты уарын æмæ тымыгъмæ. Ныр æппындæр ницы- уал уыдтой. Тæхын сын фæзын ис. Уæддæр ма Хъуырруй разæй тæхы. Фæлæ иу хатт йæхи уырдыгмæ уадзын байдыдта. Сæ ныфс фæфидар хърихъуппытæн, æвæццæгæн, бадынмæ хъавынц. Но- джы уырдыгмæ тæхын æнцондæр у. Æвиппайды æхсæвы тары фехъуыстис доны цъæпп æмæ Хъуыр- руйы хъæр: — Уæхи фæстæмæ сисут! Ам дон ис! Сæ фæллад базыртæй сæхи уæлæмæ истой хърихъуппытæ. Хуылыдзтæй стахтис Хъуырруй дæр. Йæ фæдыл та атъанг сты иннæ хърихъуппытæ дыууæ халæй. Зылдис Хъуырруй уæлдæфы æмæ кастис зæхмæ. Кæд æрра 214
не сси, уæд ацы ран уыдис йе ’рбадæн, фæлæ дзы ныр æнхъæвзы æнæхъæн денджыз. Бынтондæр ивтытæ кæнынц Хъуырруйы фæндаджы нысæнттæ. Уæддæр тæхы размæ, Хуссармæ, дызæрдыг кæнгæйæ. Фæлæ ныр, æнхъæлдæн, бынтон фæдзæгъæл сты. Æрбадæн нал уыдис Хъуырруйæн йе ’мбæлттимæ. Дарддæр атæхæн дæр нæй, йæ къорд дæр æмæ йæхæдæг дæр нал бафæраз- дзысты. Ноджы уарын æмæ тымыгъ... Зылди уæлдæфы æмæ, цы чындæуа, ууыл хъуыды кодта. Стæй йæхинымæры загьта: «Тæхын хъæуы дарддæр, æндæр гæнæн нæй». Æмæ араст ис ныллæджыты. VIII Хърихъуппытæ тахтысты Хъуырруйы фæдыл æнæуæлдай уынæрæй æмæ йын йæ «хъуырруйæн» дзуапп лæвæрдтой «хъуыр- риуæй». Бамæсты Хъуырруй Бипп-бипмæ. Бауайдзæф кæнинаг ын уыдис, зæгъгæ, ды фыдуаг фæзылдтытæ куы нæ кодтаис, уæд афоныл æрбахæццæ уыдаиккам бадæнмæ æмæ ацы бæллæхты нæ бахаудаиккам. Фæлæ зæгъгæ ницы кодта. Бипп-бипп йæхæдæг дæр æфхæрд у æмæ ма йæ чи æфхæры! Уæдмæ та ног бæллæх сæмбæлдис Хъуырруйыл: сæ бадæнæй чысыл æддæдæр сабыр колхозон хъæу уыдис. Æхсæвыгон йæ сæрты тæхгæйæ, уæд-иу хæдзæртты рудзгуытæй калдис лæмæгъ рухсытæ. Æмæ уыцы хъæу кæм уыдис, уым ныр бæстæ иууылдæр цæ- хæр фестад. Кæнæ æрра ссис Хъуырруй, кæнæ йæ сæр разылд æмæ фæн- дæгтæ бынтон схæццæ кодта. Уæдæ уыцы цæхæртæ кæцæй фев- зæрдысты? Цыфæнды уа, уæддæр размæ тæхын сфæнд кодта Хъуырруй. Ныллæджыты йæхи ауагъта. Йæ фæдыл иннæ хърихъуппытæ. Хæдзæрттæ уыдысты, Хъуырруй алы хатт дæр кæй уыдта, уыцы хæдзæрттæ, хъæу уыдис, кæй зыдта, уыцы хъæу. Фæлæ дзы уыйбæрц рухс кæцæй ис? Цæмæй зыдта Хъуырруй, колхоз йæхицæн электростанцæ са- рæзта æмæ æрæджы скуыста, уый? Æгæр ныллæджыты тахт фесты æмæ рухсæй тартæ кодтой Хъуырруйæн йæ цæстытæ, кæцырдæм тæхын хъуыдис, уый дæр дзæбæх нал уыдта. Иугæндзон уаст кæнынц, йæ фæстæ чи тæхы, уыдон дæр. Æмбары Хъуырруй уыцы уастæй, кæй фæхæццæ сты, уый. Тæр- сы, куы фæдзæгъæл уой, уымæй. Ноджы мигъ, уарын, тымыгъ не ’нцайынц. Уасы хъæрдæрæй Хъуырруй, куыд æй хъусой æмæ йæ фæдыл куыд тæхой, афтæ. 215
Фæлæ тынгдæр хæццæ кæнынц, уасынц дæлдæртæй æмæ уæл- дæртæй. Стæй æвиппайды Хъуырруйы рæзты дæр хауæгау зæхмæ атах- тис йе ’мбæлттæй чидæр. Базыдта, уый Бипп-бипп кæй уыдис. Бипп-бипп афтæ бафæллад æмæ йæхи нал баурæдта. Йæхи бынмæ ауагъта Бипп-биппы фæдыл Хъуырруй. Уасы- дис æм, дзырдта йæм, раздæх, кæннод фесæфдзынæ, зæгъгæ, фæлæ Бипп-бипп дæлдæрæй^дæлдæр хаудис. Хъуырруй ма ауыдта: Бипп-бипп уыцы тæхгæ-тæхын йæхи элек- трон телыл сцавта, йæ бумбулитæ урс-урсидæй фæйнæрдæм апырх сты, йæхæдæг та сæрбихъуырæйттæгæнгæ зæхмæ æрхаудта. Дæлдæр йæхи ныйиста Хъуырруй. Фæлæ уæдмæ алырдыгæй æрбакалдысты хъæуы сывæллæттæ æмæ дзы иуы хъæбысы фев- зæрдис Бипп-бипп. — Хæцут ууыл дæр! Хæцут ыл! — хъæр кодтой æмæ Хъуыр- руйы фæдыл азгъордтой, фæлæ уый уæдмæ йæхи хæрдмæ систа. Алы рæттæй дзæгъæл уаст кодтой йе ’мбал хърихъуппытæ. «Бипп-бипп цы фæцис, уый фæцис, баххуыс кæнæн ын нал ис, фæлæ мын иннæтæ куынæуал фесæфиккой!» — сагъæсы ба- цыди Хъуырруй. Талынджы зилдух байдыдта Хъуырруй æмæ æмбырд кодта йе ’мбæлтты. Æрæмбырд сæ кодта æмæ дарддæр атахтысты æнæ Бипп-биппæй, мæрдджынау æнкъардæй. . 1Х -. ''■ '• Хъарм хæдзары æрчъицыдта Бипп-бипп. Йæ базыр зæхмæ æрзæбул æмæ тынг рысти. Йæ къах баст уыдис урс хæцъилæй къæцæлтимæ. Хуыссыдис йæ фарсыл. Йæ разы та бадтысты, бæтгæ йæ чи бакодта, уыцы чызг Уар- зет æмæ дыууæ лæппуйы. Фыццаг бонты ницы хордта Бипп-бипп. Цæф æмæ рынчын кæй уыдис, æрмæст уый тæххæй нæ, фæлæ тæрсгæ дæр кодта. Хъуыр- руй-иу куыд дзырдта, афтæмæй адæймаг хърихъуппæн знаг у. Фæлæ Уарзетмæ цалдæр боны ацардис уыцы рынчынæй Бипп- бипп æмæ йæ ницы хъыгдардта. Схуыссын æй кодта фæлмæн, хъарм кæрцы зæрондыл, лæвæрдта йын алыхуызоя хорз хæри- нæгтæ æмæ йæ рæвдыдта. Уæд æрæууæндыдис Бипп-бипп æмæ хæрын райдыдта. Уарзет- иу скъолайы куы уыдис, уæд-иу йе ’рцыдмæ æнкъард кодта. Саби уыдта, Бипп-бипп æнкъард кæй кæны, уый. Дардæй ма- иу куы айхъуыста фæстаг тæхæг хърихъуппыты уасын, уæд-иу фæхъæлдзæгдæр, йæ сæр хæрдмæ систа, сæрттывтой-иу йæ цæс- тытæ. Йæ дзæбæх базыр-иу базмæлыд. Тæригъæд ын кодта Уарзет. Йæ разы бадтис æмæ йын йæ буар рæвдаугæ сæрфта. 216
Фæлæ-иу атахтысты хърихъуппытæ, сæ уасын-иу кæмдæр дард ныхъхъус ис, æмæ та-иу æрæнкъард Бипп-бипп. Ратахтысты хърихъуппыты фæстаг бал. Æддейы рæстæг уаза- лæй-уазавдæр кодта æмæ æруарыдис арф мит. Уæдмæ йæ къахы хъæдгом байгас Бипп-биппæн æмæ йыл цæ- уын райдыдта. Сдзæбæх базыр дæр æмæ фыццагау зæбул нал уыдис, фæлæ æфснайдæй бадтис йæ бынаты иннæ базыры хуы- зæн. Йæ даргъ къæхтæй рацу-бацу кодта хæдзары кæнæ та лæууы- дис рудзынджы раз бандоныл æмæ æддæмæ каст. Рæсугъд уыдис мит æмæ йыл куы атезгъо кæнид, уый йæ æрфæндыд. Бипп-бипп кæртмæ нæ цыд æмæ афтæ æнхъæлдта, цыма уым дæр хæдзары хуызæн хъарм у. * Æмæ-иу алкæйы фæстæ дæр рацæйцыд. Фæлæ йæ иу хатт гом дуарæй ахæм уазал ныццавта, æмæ уайтагъд хæдзары къуыммæ балыгъд. Уæдæй фæстæмæ æддæмæ никуыуал рацыд. Къуымы, йæ ахуыр бынаты йæ иу къахыл лæууыдис, йæ сæр йæ базыры бын тъыстæй æмæ æнкъард кодта, йе ’мбæлттæ цы фесты, ууыл. Цы фæцис цымæ Хъуырруй та? Афонмæ сæхицæн дзæбæх цæ- рынц хурджын бæстæйы. Хорз у йæ цард Бипп-биппæн дæр. Уар- зет æй æфсады алыхуызон дзæбæх хæринагæй. Лæууы, уазал зæххыл нæ, фæлæ фæлмæн кæрцыл. Хæдзары — хъарм. Фæлæ уæддæр æмбæлттимæ хуыздæр уаид. Æмæ цæмæй бахъæлдзæг уа, уымæн ын хос ссардтой. Сыхæг- ты лæппу тынг дæсны уыдис хърихъуппыты фæзмынмæ. Æмæ иу хатт сайæн уаст кæнын райдыдта, «хъуырриу», «хъуырриу», зæгъгæ. Йæ фынæйæ фехъал Бипп-бипп. Йæ сæр хæрдмæ сдардта. Йæ базыртæ бацагъта æмæ дуармæ разгъордта. Уæдмæ уасын нал цыд. Фæлæ Бипп-биппæн йæ хъæлдзæгдзинад æнæхъæн бон дæр нал ссыд. Даргъ къахдзæфтæй рацу-бацу кодта хæдзары. Йæ базыртæ-иу бацагъта, йæ сæр бæрзонд хаста æмæ æрттиваг цæстытæй кастис бинонтæм. Уæдæй фæстæмæ йæм арæх уасыдысты афтæ æмæ йæ хъæл- дзæг кодтой. Ивгъуыдтой бонтæ. Уалынмæ ралæууыд уалдзæг. Бипп-бип- пы æддæмæ рауагътой, æмæ кæрты даргъ къахдзæфтæй рацу- бацу кодта. Тахти хæдзары сæрмæ æмæ-иу фæстæмæ кæрты æрбадти. Ничи йæ хъыгдары æмæ атæхид йе ’мбæлттæм, фæлæ кæм сты, уый нæ зоны. Иу бон æм дардæй æрбайхъуысти хърихъуппыты уасын. Йæ зæрдæ фыр цинæй скафыдис Бипп-биппæн. Иæ бынаты спæррæ- стытæ кодта. Хърихъуппыты бал æрбатахтис йæ сæрты. Семæ атæхид, фæлæ дзы Хъуырруйы хъæлæс нæ хъуысыдис æмæ ис- кæй балимæ тæхын та хорз нæу. Дыккаг бон та райсомæй Бипп-бипп рацу-бацу кодта кæрты. Йæ разы лæууыдысты, Уарзетæйæн æй чи радта, уыцы дыууæ 217
лæппуйы æмæ чызг сæхæдæг. Дардæй æрбайхъуысти Бипп-бипмæ: — Хъуырруй!.. Хъуырруй! — Хъуырриу!.. Хъуырриу!.. — дзуапп ын лæвæрдтой иннæ хърихъу ппытæ. Уый Хъуырруйы уасын уыдис, бæлвырд æй базыдта Бипп- бипп æмæ йæхицæн бынат нал ардта фыр цинæй. Скастис лæппу- тæм æмæ чызгмæ. Уыдон дæр æм хъæлдзæг, рæвдауæг цæсты- тæй кастысты. Ноджы, бал хъæумæ куыд хæстæгдæр кодта, афтæ йæхи ныллæгæй-ныллæгдæр уагъта. Хъуырруйы боны рухсмæ хæстæгæй фенын фæндыдис, Бипп- бипп кæм æмæ куыд фæмард, уый. Се ’ппæтæн дæр сæ зæрдæтæ суынгæг сты, Бипп-биппы сæрсæфæн бынатмæ хæстæг кæнгæйæ. Уæлдай æнкъарддæр уыдис Хъуырруй. Фæлæ æвиппайды хъæуы сæрмæ, уæлдæфы, ауыдта Бипп- биппы, зилдухгæнгæ, мæлæтæй йæ чи бахызта, уыдонæй бузныг уыди æмæ сын дзырдта «хæрзбон». Уыдон дæр æм фæндарасты тылд кодтой сæ къухтæ. Стæй йæхи хæрдмæ исын байдыдта йе ’мбæлтты размæ. Хърихъуппытæ арвыл фæкъорд сты æмæ цинтæ кодтой Бипп- биппыл. Цинтæ сыл кодта йæхæдæг дæр. Стæй Хъуырруй загъта, цыма истæмæй аххосджын уыд, афтæ: — Адæм алы бон дæр ивгæ кæнынц фæндаджы бæрæггæнæнтæ æмæ тынг зын ссис разтæхæгæн. — Хъуырруй! — нытьтьæлланг ласта хъæлдзæгæй Хъуырруй. — Хъуырриу! — дзуапп радтой иннæтæ дæр æмæ та дыууæ халæй агьанг сты Хъуырруйы фæдыл. Уыдон ныр хъæлдзæгæй тахтысты сæ сæрдыгон бынæттæм. ХЪÆНДИЛ I Зæронд тымбыл фынджы раз ирон ныллæг бандоныл бады ацæргæ лæг æмæ хæры æхсыры сæндæг. Ома сæм сгьол нæй? Ис, фæлæ лæг ныллæг фынгыл бадын сахуыр рагæй. Уидыджы дзаг сисы сæндæг, сындæггай йæ йæ дзыхмæ схæссы, зæрдиагæй йæ адджын хуыпп скæны, уидыджы уæлæ цы кæрдзыны муртæ аззайы, уыдон йе ’взагæй дзыхмæ æрбасæрфы æмæ æууилгæ- æууилын йæ хъуынджын фындзы сым-сым ссæуы. Алы хуыппы фæстæ дæр йæ даргъ рихитæ адауы, æхсырæй сыл цы æртæхтæ аззайы, уыдон райсыны тыххæй, къух ссæрфы фæсмын зæнго- йыл æмæ та бавналы дыккаг хуыпп кæнынмæ. Кæд рихитæ къу- хæй дауынмæ фæзивæг кæны, уæд сæ йе ’взагæй дзыхмæ басæр- фы æмæ сæ адджын стæрд акæны. Хæрыныл афтæ архайы, æмæ йæ, æвæццæгæн, ферох, йæ алы- варс цытæ цæуы, уый дæр. Йæ ус — саулагъз, къæсхуыр, тæнтъихæг, фæлæ фидар сыл- 218
гоймаг, фæсдуар æхсы дзаумæттæ æмæ цыма йæхиимæ дзуры, афтæ зæгъы: — Цы Хуыцау мын фæкодта мæ хай ацы æмбыд къодахы? Ацы хæдзармæ æрцæуынæй фæстæмæ йæ ме ’ккой хæссын... Лæгау искуыдæм нæ ауайдзæн, ницы ацамал кæндзæн. Акæс-ма адæмы лæгтæм. Чи дзы хъæдгуыст кæны, чи быдыры кусы, чи фыййау цæуы. Кусынц æмæ сæ хæдзæрттæ мыды къусчыты хуы- зæн сты. Лæг бады æнцад. Æнувыдæй хæры æмæ, зын равзарæн у, йе ’фсины ныхæстæ хъусы æви нæ, уый, уымæн æмæ нæдæр йæ цæстæнгасыл, нæдæр йæ цæсгомы æнгасыл исты зыны. Хъусгæ кæны ныхæстæ, уымæн æмæ сæ сылгоймаг хъæрæй дзуры, фæлæ сыл рагæй ахуыр у æмæ, цыма, йæ хæринагæн æнæмæнг чи хъæуы, ахæм ахуыйæн сты, афтæ йæм кæсы. — Æз, — дзуры ус, — бон-изæрмæ æнцой нæ зонын. Фарон цыппар фондзыссæдз фæллойбоны бакуыстон. Цы æфтиаг мæм сæ æрбахаудта, уыдон алцæйы фаг дæр уыдаиккой. Фæлæ мæ- нæн мæ хæдзары кæфхъуындар бады æмæ сæ æнæрынцойæ æмпу- лы. Æз та мæ къабайы хæррæгъ цæмæй аивон, уый дæр мын нæй. — Иучысыл ма мын æхсыр куы авæрис, кæннод къусы къæ- бæртæ йеддæмæ ницыуал ис æмæ хусæй хъуыры нæ цæуынц, — зæгъы лæг, цыма ус цытæ фæдзырдта, уыдон уымæ нæ хаудтой, афтæ, йæ русы къуымтæ йе ’взагæй æрбасæрфтытæ кодта æмæ йæ худы бынты йе ’фсинмæ æнцад бакаст. Ус йæ хæцынæй нæ лæууыд, афтæмæй айста къус, байдзаг æй кодта æхсырæй æмæ йын æй фæстæмæ йæ разы æрæвæрдта. Лæг æм ныккаст, сызмæста йæ уидыгæй æмæ бафиппайдта: — Æгæр æй байдзаг кодтай. Æз дын чысыл куы загътон. — Бацым. Кæд дзы де ’взæр ахсæн агьæпп ласид, æмæ дæ искуы фервæзин, — йæ уайдзæф æм баппæрста ус. — Æмæ ма мын уæд æххæст иучысыл кæрдзын дæр авæр, æндæр дын афтид æхсырæй мæ тъæнгтæ æхсын, — бустæгæн- гæйæ куры лæг. II Уый уыдис Бердаты Хъæндил. Ахæм æвзæр ном ыл бæргæ нæ сæвæрдтой мад æмæ фыд, дунемæ куы фæзынд æмæ йе ’ппæт ми- ниуджытæм гæсгæ дæр нæлгоймаг кæй у æмæ йæ нæлгоймаджы ном кæй хъæуы, адæмæн уый куы базонын кодта, уæд. Адæм ном æвæрынмæ куы æрæмбырд сты, уæд дзы куыд нæ уыдаид хорз нæмттæ! Фæлæ йын мад æмæ фыд агуырдтой исты стыр ном, зонд дæр кæм уыдаид, хъæбатырдзинад дæр, ныфс дæр æмæ кад дæр, ахæм ном. Нæмттæй æппындæр чи нæ бæз- зыд, уыдон куы аппæрстой номæвæрджытæ, уæд ма дзы базза- дысты Æхсарбег, Батыр, Чермен, Бола, Къоста, Таймураз æмæ Ос-Бæгъатыр. Уыцы нæмттæй иу равзарын фæзын, æмæ йыл 219
бахъуыд фыдæбон кæнын. Бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ, кæд ма номæвæрджытæ дызæрдыг кодтой, уæддæр æвзæрст æрцыд «Чермен». Уайсахат ног адæймаг, фидæны стыр номдзыд лæг Чермены тыххæй фæзындысты гаджидæуттæ. Алчидæр уыцы сидт нуазгæйæ ноггуырды ном дзырдта хъæрдæрæй, цæмæй йæ куывды бадджытæ сæ зæрдыл тынгдæр бадарой. Фæлæ, кæд ныййарджытæ дæр æмæ номæвæрджытæ дæр цы- фæнды архайд кодтой, уæддæр фесæфт ном. Æмæ «Чермен» но- мæй никуы ничиуал рахуыдта, абон Хъæндил кæй хонынц, уыцы лæджы. Кæддæр чидæр цæмæндæр лæппуйы «хъæндил» рахуыд- та æмæ уæдæй фæстæмæ баззад Хъæндилæй. Фыд мæсты кодта, æлгъыста, сабимæ уыцы номæй чи дзырдта, уыдон. Лæппу куы фæхъомыл, уæд йæхæдæг дæр мæсты кæнын райдыдта, Хъæнди- лæй йæм чи дзырдта, уыдонмæ, нæмынмæ дæр-иу сæ рахъавыд, фæлæ-иу йæхæдæг нады фæци æмæ сæ уæд ныхъхъуытты уагъта. Ныййарджытæ æрсабыр сты æмæ йæ фæстагмæ сæхæдæг дæр Хъæндил хонын райдыдтой. Æмæ йæ мад æмæ фыд хонæнт, фæлæ йын-иу йæхи куы фар- стой, дæ ном цы хуыйны, зæгъгæ, уæд йæхæдæг дæр йæхи Хъæн- дил хуыдта. , ш ■::■■■'.■■■■.• у • Хорз уавæрты ацыдысты лæппуйæн йæ сывæллоны бонтæ. Йæ фыд уыдис дзæбæх цæрæг. Æмæ йæ иунæг хъæбул Хъæнди- лыл дардта йе ’ппæт ныфс, ууыл баст уыдис йе ’ппæт уарзондзи- над дæр. Цыма йæ фырт куы амæлид, уæд цард æппындæр нал уаид, афтæ йæм каст. Тарстис ын алцæмæй дæр æмæ йæ тынг хъахъхъæдта. Куыстмæ кæнæ-иу æндæр искуыдæм куы цыдис, уæд усæн карзæй фæдзæхста: — Дæцæст æм дар æмæ йæ хъазынмæ макуыдæм ауадз. Кæн- нод фæкæлын дæр зоны æмæ йæхи ныццæвдзæн кæнæ йæ исчи асхойдзæн, сывæллæттæ фыдуаг сты. Лæппуйы фæндыдис ауайын, йе ’мгæрттимæ ахъазын, бæлæс- тæм хилын, къæдзæхтыл бырын, хи найын. — Нана, хъæдмæ ацæуон? — Нæ, мæ бон, нæ. Искуыцæй рахаудзынæ æмæ æнæ бындарæй баззайдзыстæм. Дæлæ, мæгуыр, Госæда афтæмæй нæ бабын. — Нана, лæппутæ æрыскъæфтæм цæуынц... — Дæуæн цæуæн нæй, дæ фæхъхъау фæуон. Искуы къæдзæ- хæй рахаудзынæ. Фарон, дам, иу ламардойнаг усæн, авд азы си- дзæргæсæй кæмæн фæбадт, уыцы лæппу, æрыскъæфты фæдыл зилгæйæ, къæдзæхæй рахауд æмæ, дам, ын йе стджытæ дæр нал ссардтой. — Нана, лæппутæ сæхи найынмæ цæуынц... — Мæхæдæг дæ анайдзынæн, дæ фæхъхъау фæуон. Донмæ дын цæуæн нæй. Уыйæндæраз Гæблийы замманайы лæппуйы дон 220
аласта. Æрмæст ын мæйы фæстæ ссардтой йе стæгдар дæлæ комы дымæджы. Ахæм дзуапп лæвæрдтой алы хатт дæр сабийæн йæ уарзон ныййарджытæ. Лæппу фыццаг мæсты кодта, тыхстис, сфыдхуыз. Фæлæ куыдфæстæмæ сахуыр йæ уавæртыл. Уый ма ницы, фæлæ йæхæдæг дæр тæрсын байдыдта, йæ алы къахдзæфы бынæй дæр æм мæлæт куы скæса, уымæй. Хур æй никуы басыгъта. йæ фындзы туг никуы рацыд, йæ къахы сындз никуы бауад. Йæ буарыл иунæг нос дæр нæма уыд, афтæмæй лæппуйыл рацыд ссæдз азы. Уыдис æнæмæт æмæ хъæл- дзæг. Фæлæ уый фæстæ, Хъæндил йæхæдæг куыд дзырдта, аф- тæмæй — «Хуыцауы афтæ бафæндыд, æмæ йын йæ дзæбæх цард айста». ’ Иу сæрдыгон изæр йæ фыд куыстæй æрцыд нæфæразгæйæ. Куыд дзырдта, афтæмæй йæ буар иууылдæр рыстис æмæ æмпылд. Дыккаг бон хуыссæнæй нал сыстад. Æртыккаг бон изæрæй сæнггæ цæгъдын байдыдта. Бадзырдтой йын дæснымæ. Уый бирæ фæхъ- уыр-хъуыр кодта рынчыны уæлхъус, фæзæмбыдис, йæ сæрмæ йын æртæ зылды æркодта мысайнаг æмæ загъта: —’ Рыны бардуаджы аххос ын у, æмæ тынг зæрдиагæй скувын хъæуы уыцы мæстыгæр зæдæн. Хъæндилы мад ма тагъд-тагъд куывд бæргæ бацæттæ кодта, фæлæ йæхæдæг дæр æрхуыссыд. Лæппу бадтис дыууæ рынчыны æхсæн. Йæ зæрдæ уыдис æнтъыснæг. Мад æмæ фыд сæнттæ цæгъдын куы байдыдтой, уæд æм куыддæр фæкаст, æмæ кæлкæ- лæй худын байдыдта. Уый фæстæ бон фыд бынтондæр йæхи ауагъта æмæ уæд, кæй- дæрты уынаффæмæ гæсгæ, Хъæндил фæсхъæумæ расыггæнаг ферсылмæ ацыдис. Цалынмæ ферсыл рынчынмæ хæццæ кодта, уæдмæ йæ, йæхæдæг-иу куыд дзырдта, афтæмæй галтæ æмæ дзæ- бидыртæ сæ сыкъатæй фæхостой, ома, хуымæтæджы æвзагæй дзургæйæ, цалдæр галы æмæ дзæбидыры сыкъайы анызта арахъы фыццагæй æмæ йæ къахыл дæр дзæбæх нал лæууыд. Ферсыл рынчыны цонджы нарæгыл ныххæцыд тугдадзины ахаст базоны- ны тыххæй, йæхинымæр та хъуыды кодта: «Цымæ йыл цы хæ- цын, мæ къухы бын вулкан куы змæлид, уæддæр æй куы нæ базонин, уæд?» Йæ расыг цæстытæй æдзынæг каст рынчыны цæсгоммæ, æрмæст-иу изгард куы схаста, уæд йæ цæсгом фыд- уынд æнцъылдтæ аци, æндæр змæлгæ кæны, уый зын раиртасæн уыдис. Бирæ раххе-баххейы фæстæ ферсыл загъта: — Рынчын у, ныхас дæр ыл нæй, — æмæ дзы уыцы дзырдтæ афтæ сирвæзтысты, цыма рынчынфæрсджытæ æппындæр кæй нæма зонынц, ахæм хабар сын хъусын кодта. — Рынчын у, уый æнæ дæу æххуысæй дæр зонын, — бафиппай- дта Хъæндил, — фæлæ йын цы хос ис, стæй йæ низы хатт цы у? — Хос уымæ, — ацамыдта ферсыл арвы ’рдæм. — Йæ низы хаттæй мæ куы фæрсай, уæд та дын æргом зæгъдзынæн, зонын, 221
дæ зæрдæ кæй фæрисдзæн, уый, фæлæ гæды дзурын мæ бон нæу, йæ хъуыддаг æвзæр у, æмæ кæд фервæза, уæд ын ницы уыдзæн. Ферсыл цалынмæ ахæм «зондджын» ныхæстæ кодта, уæдмæ рынчын йæ къухтæ фæйнæрдæм аппæрста, ферттывтой ма иу хатт цæстыты урсытæ, стæй ма дзых фæхæлиу кодта фæстаг хатт. — Нæ загътон, йæ низы хатт æвзæр у, зæгъгæ, — фæхъæр ласта ферсыл цинхуызæй, фæлæ йæм рынчынфæрсджытæй чи- дæр куы фæдзагъул кодта, уæд йæхи иуварс айста, афтæ мæс- тыйæ йæм цæмæн ракаст, ууыл дисы бацæугæйæ. Уыцы æхсæв амард мад дæр. Æвиппайды Хъæндил ахæм стыр бæллæхы бахаудта, æмæ цы кодтаид, уымæн ницы зыдта. Фыц- цаг кæуынмæ дæр нæ хъавыд, фæлæ йæ алыварс адæм куы богъ- богъ кодтой, кæртæй кæйдæр марой куы æрбайхъуыст, «у-у-у, нæ хæдзар фехæлд», зæгъгæ (уый уыдис йæ мады ’фсымæр), уæд Хъæндил бамбæрста: æвæццæгæн, афтæ кæуын хъæуы, æмæ æвиппайды уый дæр райдыдта: «Уæдæ мæ хæдзар дæр куы фе- хæлд!..» Ноджы уыцы ныхæстæ загъта хъæрæй, адæм æй иууыл- дæр куыд фехъуыстаиккой, афтæ. Фæлæ кæуын æнæниздзина- дæн æвзæр кæй у (Биганоныл йæ мойы зианы фæстæ кæуынæй бахæцыд чехоткæ æмæ уымæй амардис), уый йæ зæрдыл куы æрбалæууыд, уæд фенцад. Мад æмæ фыды баныгæдтой. Хæдзар баззад Хъæндилы æвджид, йе та, растдæр зæгъгæйæ, Хъæндил баззад афтид хæ- дзары. IV Хъæндил цардис æнæмæтæй. Йе стырдæр хъуыдытæ баст уыдысты мæлæтæй хи аирвæзын кæныныл. Тынг тарстис йæ зын- гæн бахуыссынæй. Чырыны мардæй куыд хуысдзæн, ингæнмæ йæ куыд ауадздзысты, уыдæттæ-иу йæ цæстытыл куы ауадыс- ты, уæд-иу йæ зæрдæ йæхи къултыл бахоста. «Æмæ уæд дунейы цæрджыты æхсæн нал уыдзынæн æз?» — загъта-иу хинымæры æмæ-иу йæ цæстытæ бауымæл сты. Хæстæджыты фæндонæй Хъæндилæн ус æрхастой. Науæд йæ бынтæ бахордтаид, æмæ йын йæ чызджы ничиуал раттаид. Йе ’фсин куыста, Хъæндил бадтис æмæ хордта. Йæ бинойна- джы-иу фæндыдис, лæг ын хæдзары мидæг истæмæ куы фæкæ- сид. Æмæ-иу ын бакой кодта. Иу хатт та йын афтæ зæгъы: — Хъæдæй ма суджы къæцæлтæ æрлас æмæ уазалæй ма мæ- лæм. — Æмæ куыд æрласон? Уæд та мыл бæлас ракалд, йе мыл уæрдон афæлдæхт, науæд мæ къах алыг кодтон. — Уæдæ æнæ сугæй дæр куыд цæрдзыстæм? — Дæхæдæг исты амал акæн. Зын куыст нæу. Бæх ифтын- дзынмæ дæм æз дæр фæкæсдзынæн. 222
— Æмæ уæд мæнæн тас нæу? — Ды æндæр хъуыддаг дæ... Фæлæ нæлгоймаг хæдзары астæук- каг цæджындз у... Иу хатт ус афæнд кодта искæдæм исты аласын, кæд сæ апай- да чындæуид, уæлæйы дарæстæ, æндæртæ алхæныны фаг уаик- кой. Иу бон йæ мойæн загъта: — Картоф дын голджыты авгæнон, кæд сæ Мæздæгмæ ныд- давдзынæ æмæ сæ ауæй кæндзынæ, уæд. — Куыд? Æз сæ ныддавон? Æмæ фæндæгтыл абырæгæй ацæ- уæн куы нæ ис! Дзæгъæл хъуыды у уый, ницы дзы рауайдзæн! Куыдфæстæмæ ус йæ мойы базыдта. Нал ыл дардта æххуы- сæй йæ зæрдæ æмæ йæ ныууагъта. Мæхи дзы байсон, зæгъгæ, дæр рахъавыд, фæлæ сидзæр, æвæгæсæг чызг цы фæуыдаид? Йæ карз фыды æфсымæртæм æй фæстæмæ йæ къах нал хаста. V Ивгъуыдтой бонтæ Хъæндилыл уыцы иухуызонæй: хордта, кæд амæлдзæн, ууыл хъуыды кодта, стæй ма-иу хаттæй-хатт ны- хасы дæр абадтис... Йæ алыварс цытæ цæуы, уыдонæй хорз зыд- та æрмæстдæр уый, æмæ хъæуы хист, куывд, кæнæ чындзæхсæв кæмæ ис, кæнæ тагъд рæстæджы кæмæ уыдзæн. Революцийы рæстæджы йæм чысыл цыдæртæ бахъардта. Бам- бæрста, цавæрдæр большевиччытæ æмæ кадеттæ цæуылдæр кæй хæцынц, стæй кадеттæ болыневиччытæй æвзæрдæр кæй сты. Уый та мæнæ афтæмæй бамбæрста. Цæвиттоны хъуыддагæй, Хъæндилæн рон нал уыдис. Йæ ус ын кæцæйдæр ссардта пулеметы ленты скъуыддзаг æмæ йын дзы рон скодта. Уый уыдис камарийы хуызæн. Хъæндил æй тынг нæ бауарзта, фæлæ йæ уæддæр дардта. Иу изæр хъæумæ кадеттæ бырсын байдыдтой. Фыццаг гæ- рæхтæ куы фæцыдысты, уæд Хъæндил, йæ цард-цæрæнбонты дæр куыд никуы азгъордта, афтæ тагъд разгъордта хæдзарæй æмæ уæрммæ ныттылдис. Дыккаг бонмæ фæбадтис уым тæрсгæ- ризгæйæ. Уалынмæ ныхъхъуыст ныхас: — Басгарут ацы уæрм дæр. Уыцы рæстæг уырдæм ныггæпп кодта иу салдат, йæ наган йæ къухы, афтæмæй. Къуымы лæг хуысгæ куы ауыдта, уæд дзы æфсæддон йæхæдæг дæр фæтарст. Йæхи къулмæ балхъывта, на- ган Хъæндилмæ фæдардта æмæ йыл фæхъæр ласта: — Дæ къухтæ хæрдмæ сдар, змæлгæ дæр ма фæкæн. — Фæлæуу... фæлæуу... ма мæ амар, дæ фыды мæрдтыстæн... — сбогъ-богъ кодта Хъæндил. Нал æй ныццавта, фæлæ йæ уæрмæй сластой. Кадетты афи- цер ын йæ ронмæ лыстæг бакаст æмæ загъта: — Ай-гъай! Ай хорз кæф куы у! Ракæнут-ма йæ. Чысыл фæстæдæр Хъæндил бадтис сæрмагонд уаты хицауимæ. 223
— Дæ пулемет кæм ис? — бафарста йæ афицер. — Цæй пулемет, мæ хуры чысыл? — дзуапп радта Хъæндил. — Æз мæ цард-цæрæнбонты мæ къухмæ хус гилдз дæр куы никуы райстон, дæ рынтæ бахæрон. Уыцы рæстæг Хъæндилы гуыбын схъуыр-хъуыр кодта. — Уый дын циу, уæдæ? — бафарста афицер ронмæ амонгæйæ. — Уый пулемет нæу, мæ хур, уый мæ гуыбын хъуыр-хъуыр кæны, — æфсæрмхуызæй æмæ тарстæй йæ мидбылты бахудт Хъæндил. — Уæрмы бирæ фæбадтæн æмæ дзы, æвæццæгæн, уазал бацыдис. — Хорз лæг, дæхи æррайæ ма æвдис, — йæ маст тыххæй уром- гæйæ, фæхъæр ласта афицер, — æз дæу хуызæттæ бирæ федтон æмæ мæ никуы афæлывтой... — Æрра цæмæн дæн, дæ бæрзонддзинад? Иннæ адæмы хуы- зæн дæн æз дæр... Фæлæ фæливгæ никуы никæйы акодтон. — Чи зоны, афæлывтай, фæлæ мæн нæ афæливдзынæ. Зæгъ- ма, пулемет дæм ис æви нæй? — Нæй куы зæгъын æз. ,..,..:,• — Уый мæхæдæг дæр зонын, фæлæ дæ къахгæ кæнын, кæд пулеметыл ныхас кæнгæйæ басæттис, фондзæхстон дæм кæй ис, ууыл. Ныр ахæм хъатаратæ кæнын райдыдтой дæу хуызæттæ пулеметы лентытæй. — Уый хъатара нæу, рон у. — Банцай! — мæсты цъæхахст та фæласта афицер æмæ йæ бынатæй фесхъиудта. — Секъунд ма дын дæттын ахъуыды кæны- нæн, стæй... Хъæндил тарстхуызæй каст æмæ не ’мбæрста, афицер цæуыл мæсты схъиудтытæ кæны æмæ йæ цæуыл хъуыды кæнын кæны, уый. Бирæ ма йæ фæфарста хицау. Йæ дæндæгтæ дæр ын цалдæр хатты маузеры бырынкъæй бакъуырдта. Тынг фæндыд Хъæнди- лы, иу-æртиссæдз пулеметы дæр æм куы уаид, уый. Уæд сæ иууылдæр кадеттæн раттид æмæ уыцы хъизæмарæй фервæзид. Хъуыддаг ахицæн ууыл, æмæ дыккаг бон Хъæндилы æндæр æртæ лæгимæ ауындзынмæ ракодтой. Тынг тарсти, фæлæ йæ æнаххосæй æрцауындздзысты, уый йæ нæма уырныдта. Уалынмæ бакастысты тæрхон... Куыддæр ын йæ бæрзæйыл бæндæн баппæрстой, афтæ кæ- цæйдæр фæзынд сæхи хъæуккаг прапорщик. — Уый та цы кодта? — бафарста сонтхуызæй. — Уый большевиччытæн сæ тæккæ цъаммардæр у, ницæуыл сæтты. — У-у-у, Барис, мæ хур, ма мæ бауадз марын хуыцауы рæс- тæй, — ныллæгъстæ кодта Хъæндил. Кадетты хицау Барисæй æцæгдзинад куы базыдта, уæд хор- зау нал уыд, æгады бынаты кæй бахаудта, уый бамбæрста. Цæ- 224
мæй уыцы худинагæй фервæза, уый тыххæй уæддæр Хъæндилы æрцауындзынвæнд скодта, раст у, нæу, уый нæ нымайгæйæ. Фæлæ Барисы фæрцы уæгъдгонд æрцыд Хъæндил. Æмæ йæхи цæстытæй федта, уый хуызæн раст лæгты дæр кæм æфхæрынц кадеттæ, уым æцæг цыдæр æвзæр кæй сты, уый. VI Æмæ уыцы тарстæй фæстæмæ Хъæндил бынтондæр тæрсын байдыдта мæлæтæй. Хæрз цыбыр асинтыл цæугæйæ дæр къах иста хъавгæ, куыд нæ фæкæла, афтæ. Афтæмæй фондз æмæ дыууиссæдз азы фæхъахъхъæдта йæ зынаргъуд. Иæ царды фæстаг сахат уыдис фæззыгон къæвда бон. Иæ зæрдæ уæлдай хъæлдзæг уыд Хъæндилæн, уымæн æмæ йæ ус колхозæй æрласта бирæ хор, мыд, дыргъ æмæ ма суанг хъуын дæр. Тынг бацин кодта Хъæндил къуымбилыл, ус ын дзы хъарм цъындатæ скæндзæн, зæгъгæ. Адджынæн бахордта сихор. Уый фæстæ йæ бафæндыд иу- чысыл сæ дуармæ абадын. Æмæ рараст сындæггай æддæмæ. Фæлæ йæ ацы ран æрцахста стыр фыдбылыз. Асинтыл куы æрцæйхызт, уæд къæпхæн йæ быны ныссаст, рахаудта æмæ... Иæ ус уыдис колхозы правленийы. Рудзынгæй сыхæгты згъоргæ куы ауыдта, уæд уый дæр ратахти. Адæм сæ кæрты æмбырдтæ кæнынц, уый куы федта, уæд фæтарст, йæ къæхтæ йæ нал хастой. Уыцы рæстæджы йæ рæзты фæцæйуад чидæр. Ус йæхи нал баурæдта æмæ йæ афарста: — Цы æрцыдис, хорз лæг, дæлæ уыцы хæдзары? — Нæ зонын, — загъта уый, — цавæрдæр хъæндилыл дзы асин рафæлдæхт. Ус афæлурс æмæ тагъддæр азгъордта. Лæг йæ фæдыл кæсгæ баззад æмæ дис кодта: «Цымæ хъæнди- лы мардыл цæмæн афæлурс уыдаид?..» Бакæсын: 1. Бесаты Тазе «Цыколайаг лæппутæ», «Диссаджы бæлон æмæ æххуырст лæппу». 2. Дзадтиаты Тотырбег «Хæххон стъалы» (1978). 15 Ирон лнтературæ сыпæллæттæн 225
ДЗУГАТЫ ГЕОРГИ (1911-1985) €* Ирон литературæмæ XX æнусы 30-æм азты цы фысджытæ æрбацыд, уыдоны ’хсæн зынгæ бынат ахсы Дзугаты Хасæхъойы фырт Георги. Поэт, прозаик, публицист, литературон критик, тæлмацгæнæг — Георги йæ уацмыс- ты кæддæриддæр æвæрдта ахсджиаг фæр- стытæ æмæ проблемæтæ. Йæ фыссæджы дæсныйад æмæ æрдзон курдиат æмхуызон бæлвырдæй зынынц, канд йæ рæстæджы актуалон темæтыл кæм дзуры, уыцы уацмы- сты нæ, фæлæ, йæ адæмы ивгъуыд царды нывтæ кæм æвдисы, уыдоны дæр. Георги райгуырдис 1911 азы комдарæны мæйы 23 бон Хуссар Ирыстоны Дзомагъы хъæуы. Раджы æруагъта цард йæ уæз Геор- гийы æвæлтæрд уæхсчытыл. Хæрзсывæллонæй йæ къухмæ рай- ста фыййауы лæдзæг. 1923 азы йæ райгуырæн хъæуы байгом райдиан скъола æмæ цардбæллон лæппу бацыд уырдæм ахуыр кæнынмæ, фæлæ уæддæр йæ фыййауы лæдзæг не суæгъд кодта. Зымæг ахуыр кодта, сæрд цыдис фыййау. Райдиан скъола каст фæуыны фæстæ Георги ахуыр кодта пе- дагогон техникумы (1935;, æнтыстджынæй йæ каст куы фæци, уæд бацыд Хуссар Ирыстоны пединституты фæсаууон хайадмæ. Уыцы рæстæджы райдыдта кусын газет «Коммунист»-ы редак- цийы дæр. 1939 азы Георги ацыд Сырх Æфсады рæнхъытæм. Райста сер- жанты цин. Ам æй æрæййæфта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Уыцы азты уæззау уаргъ æмæ немыцаг фыдгæнджыты уацары хъизæ- мæрттæ æххæстæй бавзæрста йæ уæлæ Дзугайы-фырт, фæлæ уæддæр сæрæгасæй æрыздæхт йæ фыды уæзæгмæ æмæ кусын райдыдта журнал «Фидиуæджы» редакцийы. Уыд литературон кусæг, бæрнон нымæрдар, сæйраг редактор, фæстæдæр — Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы консультант. Бирæ фысджытау Дзугаты Георги дæр йæ литературон куыст райдыдта æмдзæвгæтæй, фæстæдæр ныффыста бирæ прозаикон уацмыстæ дæр. Мыхуыры фæзындысты 1935 азы. Йæ поэти- кон уацмысты æмбырдгонд («Хуры тын») дунейы рухс федта 1938 азы. Фыссæджы аивадон курдиат уæлдай парахатдæрæй райхæл- дис XX æнусы 50—70 азты. Иу иннæйы фæстæ мыхуыры цæуын райдыдтой йæ чингуытæ «Радзырдтæ æмæ аргъæуттæ» (1950), «Уацмыстæ» (1954), «Цины зарджытæ» (1954), «Хæлæрттæ» 226
(1956), «Кадджытæ» (1957), «Зæрдæйы дæгъæл» (1959), «Æвзæрст уацмыстæ» (1963), роман «Карды комыл» (1964), «Хуры хæ- тæнтæ» æмæ æнд. Уыдоны фыссæг парахатæй æвдыста «дуджы улæфт, рæстæджы уынæр, адæймаджы цард». Поэты сфæлдыстад зынгæ бынат бацахста сывæллæтты лите- ратурæйы дæр. Сабитæн балæвар кодта цалдæр æмбырдгонды («Радзырдтæ æмæ аргъæуттæ» — 1950, «Сæракцæст цуанон» — 1973). Дзугайы-фырт хорз зоны сабиты зæрдæйы уаг, сæ миддуне, сæ кары хицæндзинæдтæ. Йæ уацмысты ’взаг у хъæздыг, ирд. Йæ рæстæджы, Хуссар Ирыстоны паддзахадон театр кæстæр кары сывæллæттæн цы спектакльтæ равдыста, уыдонæн сæ хуыз- дæртæ уыдысты Дзугаты Георгийы пьесæты («Арсы уазæг» æмæ «Хуры хъæбултæ») бындурыл арæзт. ХЪАЛДИДИНÆГ (Скъуыддзаг) Уалдзæг. Хæдзары раз адæймаджы цæстæнгас йæхимæ азда- хы худæндзаст сырх дидинæг. Ныридæгæн йе ’мбæлттæй бирæ фæбæрзонддæр. Сæумæрайсомы сатæг уддзæф ын йæ рог ба- зыртæ уæздан æмæ рæвдаугæ асæрфы. Дидинæг уайсадæг чындзау йæ сæр гæзæмæ банкъусы, цыма «о» зæгъы, уыйау. Стæй йыл уæдмæ хуры хъæлдзæг тын сæмбæ- лы, рæсугъд æртæх йæ ирд цæстæй фæныкъул-фæныкъул сисы æмæ сындæггай бацъынд вæййы. Æлутон сыгъдæг уæлдæфы азæлы дæргъвæтин з-з-зз! Уый æрбахæццæ вæййы тæнбазыр мыдыбындз. Тымбыл æрзилы цал- дæр хатты. Дидинæг æм йæ мидбыл фæлмæн бахудти, базмæ- лыд, цыма йæм афтæ сидти: — Ардæм, ардæм, мæ буц уазæг! Æз дæ хæрздæф, цæссыгау рæсуг мыдæй хорз фенон. Бындз ыл сындæггай йæхи æруагъта. Исдугмæ чысыл рай- хъуыст йæ уынæр, стæй бынтондæр басабыр. Дидинæг æй ад- джын æрбатыхта йæ фæлмæн хъæбысы, узын æй райдыдта, æмæ, чи зоны, кæрæдзийæн цы зæрдæбын, уарзон ныхæстæ кодтой... Мыдыбындз йæ тæнæг базыртæ ныппака кодта, æмæ сæ хуры тын иннæрдæм хъазыди алыхуызтæй. Гъе, афтæ цард хъал диди- нæг суанг уалдзæджы ралæудæй фæстæмæ. ÆРСОЙ Стыр фыййау куыдз Æрсой æнцад хуыссы. йæ къуыбырхъус сæр йæ раззаг дзæмбытыл æруагъта. Йæ цæсты зул дары йæ фаллагфарс фугæ къутæргондмæ. Уым ныр дыккаг бон ахст у æнæнтысты фыр. 227
Æрсой æдзух хуысгæ нæ кæны. Мæнæ, гъе, сыстад та ныр дæр. Иæхи аивæзта. Фыры цурмæ бакъахдзæфтæ кодта фæлмæн кæрдæгыл. Сæ дыууæ дæр иучысыл кæрæдзимæ фемдзаст сты, стæй куыдз къулбæрзæй æмæ сæргуыбырæй фалдæр ацыд. Къуылдымы сæрæй æдзынæг афæлгæсыд. Комы дымæгæй йæм æрттивынц иугай рухсытæ, стъалытау. Йæ зæрдыл æрлæууыд, цалдæр боны размæ дæр ма хъæугæ- рон фæзы колхозон дзуджы фарсмæ куыд хъæлдзæгæй æрвыста йæ рæстæг. Хистæр фыййау Садуллæйы фырт чысыл Агуыбе йын арæх рахæссы стыр дзидзайы къуылдыхтæ. Хæрд сæ куы фæвæййы, уæд ын Агуыбе йæ куырæфцæгыл йæ къух æртухы, йæ цинæйдзаг цæстытæм ын лыстæг ныккæсы: — Хъæуы-ма дæ, æвзæр? — Æмæ йын йæ фæтæн ных йæ ар- мыгьæпæнæй æрсæрфы. Æрсой фырæхсызгонæй йæ сау цæстытæ бацъынд кæны. Йæ сырх æвзагæй лæппуйы къух асдæры. Агуыбе йын йæ къуыбыр хъус сивазы. Уый йæм фæкъæпп ласы. Йæ цонг ын ацахсы йæ урс арцдæндæгтæй, фæлæ йын æй не ’рылвасы. Æрмæст йæ фæлмæн хъыс-хъыс райхъуысы. Гъе, æмæ ныр сæрвæтæй кæсгæйæ, æппæт уыцы хъæлдзæг царды бонтæ æрæмысыд* адæймагау ныхъхъæрзыдта. Йæ хус æвзагæй йæ былтæ асдæрдта æмæ та йæ бынатмæ æрбацыд. Æниу æххормагыл дæр хъæцид, фæлæ йæ йæ хицæуттæ кæй нæ агу- рынц, ууыл судзы мæстæй æнæрцæф, хивæнд Æрсой. Къаннæг тъæпæн къæбыла ма куы уыд, уæд иу сæрдыгон изæр тæрккъæвда рацыд. Хæдзары хъуаритыл бæлоны айчы йас ихты къæрцц-къæрццæй хъустæ къуырма кодтой. Къæбыла хъыс-хъыс- гæнгæ хæдзары скуыси. Садуллæ йæ чысыл йæ къахæй расхуыс- та æмæ йыл фæхъæр кодта: — Фесæф, холы фæуай, кæд цæмæй фæтарстæ! Къæбыла нырдиаг ласта æмæ тымбылцъæгæй феддæдуар. Кæрты къуымы хъуынтъызæй слæууыд. Ихы нæмыг йæ тæнæг хъусыл ку& ауайы, уæд фесхъиуы, скæуæгау кæны. Агуыбе йæм йæ тыргъæй сиды, фæлæ йæм уый кæсгæ дæр нæ кæны. Уæд æм лæппу, къæвдайы малты тъыбар-гьыбургæнгæ, базгъордта, йæ хъæбысы йæ фелвæста. Уый сниудта æмæ йæ чысыл судзин дæндæгтæ йæ къухы фæсагъта. Агуыбе нырдиаг кодта æмæ йæ аппæрста. Къæбыла кæрты иннæ кæронмæ алыгъд æмæ та къæвдамæ слæууыд, мæсты хъуыр-хъуыргæнгæ. Дон йæ фæрстæй цыхыртау лæдæрсти. — Ныууадз æй, ныууадз! Цалынмæ йæ маст æрцæуа, уæдмæ дын не ’рбакомдзæн. Хивæнд у, æнæрцæф, — радзырдта Садуллæ йæ фыртмæ хæдзары дæлбазырæй. Фарон зымæг сын Хъызлары уæтæры раз тæгæнайы дзидзайы кæрстытæ æрæвæрдта Садуллæйы æмвиййау. Мила уым æввахс нæма уыди. Æрсой æрбауад æмæ хæрын райдыдта. — Стæ-ма, æдзæсгом, де ’мбалмæ уал фæлæуу! — фæхъæр ыл кодта лæг æмæ йæ лæдзæгæй гæзæмæ рариуыгъта. 228
Куыдз йæ дзидзайы кæрдих йæ дзыхæй аппæрста. Фырмæс- тæй схъæрзыдта, фæсвæд ахызт æмæ миты йæ фæстаг æрдæгыл æрбадт. Уæдмæ Мила æрбацыд æмæ хæрын райдыдта. Æрсоймæ фый- йæуттæ сидынц, фæлæ сæ цыма хъусгæ дæр нæ кæны, уыйау йæхи дары. Уæд ын йæ размæ бахастой иу стыр хай, фæлæ йæм уый смудгæ дæр нал бакодта. Фыййæуттæ сæ кæрæдзимæ бакастысты, сæ сæртæ нынкъуы- стой: — Ничи йæм кæсы! Сдзырд æм нæй! ...Фыр æнцад хуыссы. Æндæрæбон йæ рахиз фæстаг къах фугæ къутæры саджилы ныссагъд. Бирæ фæцархайдта йæ рала- сыныл, фæлæ уæгъды. Дзуг йæ алывæрсты хизгæ-хизгæ аивыл- дысты, сæ фыййау сæ разæй, афтæмæй. Æрсой лæбырдыл цы- дæр сырды фæдмæ смудгæйæ афæстиат. Фыры цурмæ æрбахæццæ æрæджиау. Йæхи райваз-райвазгæнгæ йæ куы федта, уæд йæ алы- варс æрзылд. Бакæстытæ йæм кодта, йæ хъыс-хъыс райхъуыст, фæлæ ницы йæ бон бацис. Уæд фалдæр бауад æмæ къуылдымæй арæйдта. Йæ бæзджын хъæлæс кæмтты ныннæрыд. Сфæзмыдтой йæ айнæг къæдзæхтæ. Фыййау æй кæнæ хъусгæ нæ фæкодта, кæнæ та йæ ницæмæ æрдардта. Ныр уæдæй нырмæ хъахъхъæны ацы æнамонд, æдылы фыры. Æхсæв-бонмæ йæ цæстыл цъынд нæ хæцы. Æндæрæбон цы сырды фæдтæм смыста, уыдон тæф йæ фындзæй нæ хицæн кæны. Боны- гон чысыл афынæй вæййы. Æхсызгон фынтæ дæр ма фæуыны. Арæх йæ разы февзæры нард дзидзайы кæрдихтæ. А ныр сæм февнала, афтæ йын сæ сæ сыхæгты мæллæг гадза аскъæфы. Æрсой йæм куыд фæкъæпп кæны, афтæ фехъал вæййы. Йæ алыварс афæл- гæсы. Йæ комыдæттæ æркæлынц. Йæ хуыссæг æрбайсæфы. Фырæн ма уæддæр ницы у. Сысты, йæ къах рафтауыныл ацар- хайы, стæй йæ бон куы базоны, уæд йæ цуры цъæх кæрдæгыл хизын райдайы. Уæвгæ, йæ сагъд къах бонæй-бонмæ тынгдæр рæсыйы æмæ йын риссы. Æрсой хуыссы дзагъырдзастæй. Мæйрухсмæ, миты хъæпæ- нау, дæргъæй-дæргъмæ урсæй зыны. Абон дæр та фыдæнхъæл фæци: нæ йæм фæзындысты йæ хицæуттæ. Афтæ æххормаг æмæ иунæгæй никуыма баззад, ахæм фыдæвзарæны никуыма фæци... Æрсой нынкъард. Кæдмæ ам лæзæрдзæн?.. Фырмæ йæ мæсты, хуыссæгхъæлдзæг цæстытæ базилы. Йæ мидзæрдæйы йын уай- дзæфтæ райдайы: «Æдылы къоппа! Цыма йын æнæхъæн фæтæны рацæуæн нал уыд, уыйау къутæрты астæуты рабырыд. Ныр æй, Æрсой, ды ам хус гуыбынæй хъахъхъæн! Уæртæ цы и, уæртæ! Йæ цæстыты иунæг мæты æртах нæ зыны!» — Афтæ мæсты, катайæ та сыстад. Тымбыл æрзылди æмæ та йæ бынаты йæхи æруагъта. Йæ цæс- тытæ бацъынд кодта, æниу æм хуыссæг æмгæрон дæр нæ цыд. 229
Хъæумæ фæндаг бæргæ зоны, фæлæ ацы тæригъæддаг фыры ам дзæгъæл куыд ныууадза иунæгæй сæрвæты?!. Куыдз æвиппайды фестъæлфыд, фестад, йæ хъустæ фæхъил кодта. Къутæры фаллаг фарсæй ферттывтой дыууæ чысыл тæ- мæнкал зынджы. Æввахсæй-æввахсдæр кæнынц. Æрсойæн йæ цæстытæ астыртæ сты. Йæхи ныллæг æруагъта æмæ лыстæггай акаст, асмыста. Уæртæ дæргъæлвæс, нарæгастæу бирæгъ йæ къуыбыр хъустæ æргæмæл кодта æмæ цадæггай æрбахъуызы фырмæ. Иæ цæс- тытæ тынгдæр сæрттывтой. Æрсой айтæ-уыйтæ нал фæкодта. Йæ уæнгтæ ахъандзал сты. Уыциу сæррæттæн сырды æккой абадти. Иæ тæккæ уæнты йын йæ цыргъ дæндæгтæ фæсагъта. Бирæгъ тымбыл ныззылд. Фæстæмæ йæм фæкъæпп ласта. Йæ къах ын ацахста. Сæ дыууæ дæр фæфæлдæхтысты æмæ дзыхъмæ ныт- тылдысты. Уым хæрынц, æууæрдынц кæрæдзи. Куы сæ иу фæ- бынæй вæййы, куы се ’ннæ. Фыр сызнæт, йæ гæндзæхтæ цæгъ- ды, йæхи райваз-байваз систа. Йе стыр фæхсын куы иуырдæм ныззилы, куы иннæрдæм. Йæ рæсыд къахы рыст дæр нал хаты, афтæмæй зæххыл сæмбæлы, фæлæ та фесты... Сырд Æрсойæн йæ галиу хъусыл фæхæст æмæ йын æй æрæс- тыгъта. Йæ туг лæдæрсы, йæ цæст ын куырм кæны. Дыууæ знаджы иу уысм фæхицæн сты. Уырсытау, сæ фæстаг къæхтыл алæууы- дысты. Æрсой йын ныр йæ тæккæ хурхысæртыл фæхæст. Йæ арц дæндæгтæ æддæг-мидæг ауадысты. Бирæгъ уæрдæхау здых- сы. Йæ цæстытæ ныдздзагъыр сты, стæй зæххыл сæмбæлди. Ныхмæ нал лæууы, фæлæ Æрсой уæддæр йе ’ккой бады, сырды хурхысæрты йе ссыртæ, афтæмæй йæ тугæйдзаг сæр дыууæрдæм ныууигъы, мæсты хъырныд кæны... * * * Æмбисбон. Агуыбе æмæ йæ фыд Садуллæ лæбырдыл æрба- цæуынц. Иубон Æрсой цы фæдтæм æсмыста, уыдонмæ лæппу фæкомкоммæ. Цæхгæр фæлæууыд, сцин кодта: — Баба, мæнæ Æрсойы фæдтæ. Æвæццæгæн, ам æввахс кæм- дæр ис. — Дыууæ дæр дзуццæг æрбадтысты æмæ кæсынц. — Нæ! Æгæр чысылтæ сты. Мæнæ йæ дæллаг фæрсты цы фæд бацыд, уый, æцæгдæр, Æрсойы дзæмбыдзæфы хуызæн у, — загъта Садуллæ. Агуыбе йæ ’урс нымæтхуды фæдджи йæ фæтæн ныхыл бæр- зонддæр сысчъил кодта. Дзæмбывæдыл йæ чысыл армытъæпæн æрæвæрдта. Йæ мæкæрæзы хуызæн дæндæгтæ йæ фыдмæ ферт- тывтой: — Баба, адон, æцæгдæр, Æрсойы фæдтæ сты. Æз-иу йемæ куы хъазыдтæн, уæд-иу ын бирæ хæттыты абарстон мæ армы- тъæпæн йæ дзæмбыйы быныл. Ме ’нгуылдзтæ ма чысыл даргъ- дæр уыдысты. 230
Фыд æмæ фырт дарддæр фæцæуынц. Иу адагæй ахызтысты. Къуылдымыл фæхæрд кодтой. Фæлгæсынц алырдæм. Фугæ къу- тæртæй сырддонцъиутæ пæррæстытæ кæнынц. Мыдыбындзытæ уæздан кæркусджытыл сæ тæнæг базыртæ ныппака кодтой. Агуыбе æвиппайды фæлæууыд. Фырцинæй йæ улæфæнтæ æрбахгæдтой: — Баба! Уæлæ-ма, уæлæ, — йæ чысыл къух сдардта уæлæмæ, — нæ фыр кæм хизы! Лæг исдуг къухаууонæй скаст, стæй атындзыдтой. Уайтагъд фугæты цур февзæрдысты. Сæ дыууæ дæр сагъдау лæууынц. Фырæн йæ кæрдæджы хал йæ дзыхы, афтæмæй сæм знæт каст кæны. Йæ дæллаг фарс, лæнкауы, стыр цъæх бирæгъы мард ныд- дæргъ. Йæ хурхысæртыл туг ныхъхъæбæр. Йæ цæстытæ дза- гъыр. Бындзытæ йыл æмбырдтæ кæнынц. Йæ алы фæрсты — урс æмæ цъæх хъуыны бындзгуытæ. Æрсой фугæты фæстæ йæ раз- заг дзæмбыты æхсæн йæ сæр ныгьтъыста. Змæлгæ дæр нæ кæны. Йæ хъус чердыгæй æрыстыгъд, уыцы цæст ын, æрхуы тасау, стыр афæлдæхт æмæ ныррæсыд. Йæ тæнтæ кæрæдзийыл баны- хæстысты. Йæ урс хъуын бындзыггай тындтытæ. — Æрсой, Æрсой! — фæсидти йæм фыййау. Куыдз йæ мидбы- нат чысыл базмæлыд, фæлæ сæм нæ ракаст. Агуыбе йæ фыды хызынæй дзулы лыггаг систа. Æрсойы раз йæ зонгуытыл æрхауд æмæ дзуры: — Ахæр, ахæр, Æрсой! Мæхи дзæбæх æмбал, — æмæ йын кæддæрау йæ сæрыл йæ арм æрхаста. Куыдз æм дзæбæх цæст иу зылд скодта, стæй цадæггай рас- тад. Фæстæмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй, цух-мухтæгæнгæ араст уæлæмæ, хохырдæм. Агуыбе куы йæ фæстæ цæуы, куы йæ разæй фæвæййы æмæ йæм кæуынхъæлæсæй дзуры: — Æрсой, Æрсой, раздæх! Кæдæм цæуыс? А, мæнæ дын кæр- дзын. Фæлæ йæ уый хъуыды дæр нæ кæны. Цæуы æмæ цæуы уыцы иугъæдон уæззау къахдзæфтæй. Лæппу раздæхт йæ фыды цурмæ. Йæ судзгæ цæссыгтæ йæ хуыдуг кæнынц: — Нал раздæхт, — зæхмæ кæсгæйæ, кæуынхъæлæсæй сдзырдта. — О мæ хъæбул, æнæрцæф, сæрыстыр Æрсой нын, æвæццæ- гæн, нæ ныббарста, æнæхъæн къуыри йæ кæй не ссардтам, уый, — загъта лæг æмæ сæргуыбырæй йæ фыртмæ бакаст. СÆРАКЦÆСТ ЦУАНОН Нæ хъæуы бакомкоммæ Дзæгъæлкомы уыдис дыууæ лæгæты. Нæ сыхмæ зындысты раст худæвæрдау. Иу рагуалдзæг сæумæ- райсом нæ уæлхæдзарæй кæсын, æмæ уæртæ лæгæттæй сæ иуæй иннæмæ æрбацыд арсы фæд. Цы базонын мын æй хъуыд: арс 231
уалдзæджы комулæфт банкъардта. Рацыд йæ зымæгон бынатæй. Фæлæ йæм йæ балц нырма æгæр раджы фæкаст æмæ иннæ лæ- гæтмæ йе ’хсæв бахаста. «Цæуын хъæуы æвæстиатæй», — скарстон мæ мидзæрдæйы. Мæ хъримаг та ме ’фцæджы афтыдтон, мæ урсфистон кард — мæ фарсыл æмæ, гъей-да, фæраст дæн. Уайтагъд хъæуы фаллаг фарс къуылдымæй басæррæтт ластон. Хъæды иу дзæвгар куы суадтæн, уæд иучысыл афæлладтæн æмæ уæргъулæфт æркодтон. Фæстæмæ фæкастæн, дæлæ мæ иу лæг сæййафы. Хæххон сæгуытау — йæ уæнгты айст, йæ къахы февæрд. Схæццæ мæ цурмæ. Уый уыдис бæрзонд, фæтæнуæхск, къæс- хуыр лæг. Йæ иу цæстыл сæрак тымбылæг баст, йæ галиу ру- сыл — даргъ нос. — Дæ фæндаг раст, æфсымæр, — загъта æмæ йæ мидбылхудт, хуры ферттывдау, мæ зæрдæйы атад. Йæ иунæг сау цæстæй каст æгæрон æхсар æмæ стыр хæлардзинад. — Дæ хъуыддаг раст, хорз лæг, — æмæ йæм мæ къух авæрдгон. «Ау, кæд цуаны цæуы, уæд йæ хотых кæм ис?» — загътон мæхи мидæг. Уый мæ, æвæццæгæн, бамбæрста æмæ мын йæхи амонынмæ фæци. — Æз дæн уæлладжыраг цуанон, дæ сыхæгты уазæг. Мæ ном хуыйны Бæтæг. Абон райсом уæ хъæуæй ацы арсы фæдтæ куы суыдтон, уæд мæ зæрдæ нал фæлæууыд æмæ ратындзыдтон. Кæд дæ хъыгдарын, уæд хатыр. Ныртæккæ фæстæмæ дæр аздæхдзынæн. — Цæмæн тыхсыс?! Æгайтма мын æмбал ис. Фæлæ цыма цуа- нон лæгмæ хотых дæр вæййы... — Мæнæ уый мæ урсфистон кард, стæй мæнæ мæ астæуыл тыхт мæ донгъуыз тинтычъи басылыхъхъ — мæ хотыхтæ. — Æрсдзуаны кард æмæ басылыхъхъ?. — дисгæнгæйæ сдзырдтон. — Ды м’ын æй, æфсымæр, лæгæтæй рахон, стæй йæ уæд мæ бар уадз, — загъта Бæтæг, æмæ йæ сау хъуынджын худыл йæ сæрак бæттæнмæ æввахсдæр æрхæцыд. Тæссар-мæссаргæнгæ цыбыр кæнæм нæ фæндаг хохы ’рдæм. Куыд фæстагмæ хур æрæндæвта. Дзода мит нæ къæхты бын сæт- тын райдыдта. Æз къахкъæлæттæ кæй нæ рахастон, уый тыххæй фæсмон кодтон, фæлæ ма цы. Бæтæг мæм бадзырдта: — Бахатыр кæн! Ныр та æз ахизон разæй, æндæра ды æвæды... — Ау, уазæджы зынвадæтты... — куыд сцæйдзырдтон, афтæ уый мæ иувæрсты асæррæтт ласта æмæ мæ разæй лæгæрды. Иу зылд мæм фæкодта фæстæмæ: — Мæ къахвæдтæм хъав æмæ дын æнцондæр уа. Схæццæ стæм лæгæтмæ. Бæтæг йæ кард разырдæм разылдта, йæ басылыхъхъ йæ галиу цонгыл æнгом æртыхта, стæй мæнмæ бакаст æмæ хъæрæй сдзырдта: 232
— Гъеныр æм расид æддæмæ! Фæлæ фысыммæ хатын нæ бахъуыд. Йæхæдæг рабырыд. Уай- тагъд йæ фæстаг къæхтыл слæууыд, йæ ком ныйивæзта. Иæ бур- бын хъуын зæу-зæу кæны, афтæмæй рыхы. Бæтæг æм лæгæй-лæгмæ бабырста. Йæ гом дзыхы йын йæ басылыхътыхт къух атъыста. Æвиппайды йе ’рттиваг даргъ кард йæ рахиз къухы февзæрди... Арс ма иу дæргъвæтин богъ ныккод- та æмæ уæлгоммæ ахауд. Бæтæг йæ кард сырды бæрзæйы хъуынтыл дыууæрдæм асæрф- та æмæ йæ нытътьыста йæ кæрддзæмы. Райхæлдта йæ басылыхъхъ дæр. Йæ ныхы хид дзы асæрфта æмæ йæ йæ астæуыл бабаста, стæй йæ цæсты баст бадзæбæх кодта æмæ æрбадт. Йæ даргъ сау æрфгуытæй иуыл бæрзонд схæцыд æмæ афтæ: — Дæ арсмарæн гилдз дæ æндæр хатт бахъæудзæн. Уый фæстæ цæрдæг фестад. Чысыл фалдæр бауад. Æртæ бæрз пыхсы æмæ иу уæрдæхаг ракодта йæ кардæй. Пыхсыты сæртæ уæрдæхæй кæрæдзимæ æрбабаста. Арсы мард сыл æрæвæрдта æмæ гъæй-да! Æвæд миты йæ далæ комы дымæджы бамидæг код- та. Цалынмæ йæм æз хæццæ кодтон, уæдмæ йæ астыгъта. — Бæтæг, йæ цармæй йæ æрæмбæрз æмæ цæуæм. Лæппуты йæм галтыл рарвитдзыстæм, æмæ йæ уыдон аласдзысты. Цæуæм, æз разæй, уый мæ фæстæ. Чысыл фæлæууыдтæн æмæ та дзурын: — Арсы мæрдтæ куыннæ федтон. Гъе, фæлæ мæм ацы арс ног стыгъдæй фæкаст адæймаджы хуызæн... Ехх, куыд тæригъæд у!.. — Мæнæн та сæм мæ масты дзæкъул фыцы... Æз Бæтæгмæ æдзынæг бакастæн. — Уагæры сæм афтæ мæсты цæуыл дæ? Лæг арф ныуулæфыд æмæ æрбадт, æз дæр мæхи æруагътон. Уый райдыдта: — Уæлладжыргомы, дам, мæ фыдæй хуыздæр цуанон нæ уыд. Суанг дам-иу ахæццæ Сæна æмæ Къуыдаргоммæ дæр сычъи æмæ дзæбидырдзуаны. О, æмæ дзырд æрдыл у, фæлæ иуахæмы хо- хæй æрхаста диссаджы рæсугъд арсы хъыбыл. Уый уыдис сатæг- сау, йе ’фцæг та, цыма йыл басылыхъхъ уыд, уыйау — урс. Арсы хъыбылы тынг бирæ бауарзтой бинонтæ, æгас сыхæгтæ. Уыдис, дам, хъæлдзæг, худæг, æнарæхст. Кæй хæдзары-иу не смидæг! Иу сæрдыгон хуыцаубон та мæ фыд цуаны ацыд Джермугъы хохмæ. Иннæ хæттытау мæ мад йе ’рцыдмæ аг уæларт сæвæрдта. Зыдта, йæ лæг та афтидæй кæй не ’рцæудзæн. Æз, дам, уæд авдæны уыдтæн. Иунæгæй мæ хæдзары фæ- уагътой. Мæ къухтæ сæлвæстон æмæ хъазыдтæн, мæ авдæнхъæ- дыл кæфы хъустæй цы хал уыдис, уыдонæй. Мæ мад дуармæ суг саста. Уыцы рæстæджы мæм арсы хъыбыл бацыд. Æвæццæгæн, йæ фæстаг къæхтыл слæууыд æмæ мемæ хъазын райдыдта. Фæс- тагмæ мын йæ ныхтæй мæ рус атыдта. Уый, æвæццæгæн, туг куы 233
федта, уæд мыл йæ дзæмбы тынгдæр æрсæрфтытæ кодта. Акъахта мын мæ цæст, æрыстыгъта мын мæ цæсгомы царм. . Мæ цъæхахстмæ мæ мад хæдзары смидæг. Тугæрхæмттæй мæ куы ауыдта, уæд нырдиаг кодта æмæ уадзыгæй ахаудта. Сы- хæгтæ æрбафæдис сты. Уæдмæ мæ фыд дæр æрхæццæ. Нæ кæрты адæмы тыхст змæлд куы федта, уæд йæ сычъийы мард аппæрста æмæ хæдза- ры фæмидæг. — Цы ’рцыдис, цы хабар у? — Дæ бон ныккал, дæ бон! Дæ арсы хъыбыл нын нæ артыл дон ауагъта, — фæхъæр кодта мæ фыды ’фсымæр, стæй мæ фыды уæхскæй топп ратыдта. Гъа, ныр дзы сырды ныггæрах кæна, афтæ мæ фыд топпы хæтæл скъуырдта, æмæ нæмыг дзæгъæл афардæг... Фæци йæ ныхас Бæтæг, арф ныуулæфыд æмæ бамыр. Æз дæр ницыуал дзурын, афтæмæй сыстадыстæм æмæ цæуæм. — Дæ хорзæхæй, æмæ уыцы фыдбылызы сырд цы фæци? — афарстон æй æз. — Топпы хъæр куыддæр фехъуыста, афтæ дуармæ агæпп лас- та, стæй нæ хъæуы сæрмæ наз хъæды къохмæ сфардæг. Гъе, æмæ, дам, бирæ рæстæджы уырдыгæй хъуыстис йæ тæригъæддаг богъ-богъ. Мæ фыд уæдæй фæстæмæ цуаны йæ къах нал авæрд- та. Йæ мæлæты агъоммæ бафæдзæхста нæ комы цуанон лæгтæн: «Курæг уæ дæн, урсæфцæг арсыл уæ чи сæмбæла, уый йæм йæ хотых ма райсæд». Гъе, æмæ æцæгдæр афтæ кодтой: фембæлдысты-иу ыл, фæлæ йæ ничи æхста. Æз рахъомыл дæн, радзырдтой мын ме ’намонды хабæрттæ. Хæрз сабийæ райдыдтон цуан кæнын. Æхсæнгарз мæ къухмæ ни- куы райстон. Æрмæстдæр мæнæ ацы урсфистон кард. Мæ фы- дæй мын баззад. Иу æмæ дзы дыууæ арсы, мыййаг, не ’рфæл- дæхтон! Фæлæ нырма урсæфцæгыл никуыма фембæлдтæн, æниу арæх сагъæсты ацæуын. Мæ бафхæрæг арс, чи зоны, йæхæдæг æгас нал уыдзæн. Фæлæ йæ цымæ амарин æз дæр?.. Æмæ уæд мæ мæгуыр фыды фæдзæхст та?.. БÆБИЙЫ ПЪАРТФЕЛ — Мамæ, цæй æмæ мæ пъартфел æррæвдз кæнон. Кæннод райсом скъоламæ куы байрæджы кæнон, — йæ мады фæдджитыл фæхæцгæйæ загъта Бæби. Уæдмæ къæсæрæй æрбахызт дада дæр: — Бæби, уæдæ райсом скъоламæ цæуыс, и? — Цæуын, баба, цæуын! — Иттæг хорз! Цу-ма, уæдæ, дæ хызын рахæсс. Бæби йæ мидбылты бахудт: — Хызын нæ, баба! Уый пъартфел хуыйны. — Хорз, хорз! Куыдфæнды хуыйнæд. 234
Бæби стъолæй райста бур сæрак пъартфел. Электрон рухсмæ йе ’хгæнæны цæппæр, йæ хæцæны чысыл цæгтæ æмæ йæ бинаг тигъты згъæркъуымонтæ æвзистау тæмæнтæ калдтой. Йæ фæл- мæн сæрак гæзæмæ уырынгтæ дардта. Лæппу уаты астæу æрлæу- уыд æмæ та йæм ног ракæс-бакæс кодта куы иуырдыгæй, куы нннæрдыгæй. Ныккаст ын йæ хуылфмæ дæр. — Цæй, хорз! Æгъгъæд æм кæс. Æри, æмæ йæ æрцæттæ кæ- нæм. Райсом дæ раджы стын хъæудзæн, — загъта йын мамæ æмæ пъартфел райста, бакодта йæ. — Кæс ардæм: дамгъуат æмæ дæ тетрæдтæ æвæрдзынæ мæнæ ам, йæ фыццаг цæсты. Мæнæ уый та у дæ пенал. Ис дзы ручкæ, кърандас æмæ резинкæ. Æвæрын дын æй дыккаг цæсты. Æмæ пъартфелы æхгæнæн æркъæпп кодта. — Æмæ йæ чернилæдон та? — афарста дада. — О, ныртæккæ, — зæгъгæ, мамæ шифанеры бинаг лагъз ралас- та: — Мæнæ йын чысыл хызын абыдтон. Уым иу нывæр æмæ йæ пъартфелы хæцæныл æрцауындз, мæнæ афтæ. — Нæ! Куы акæла æмæ мæ пъартфел куы сахуырса, уæд та? — Уæд та йæ дæ къухы хæсс, къласы та-иу æй йæ агъудæй сис æмæ-иу æй партæйыл æрæвæр. — О, партæйыл! Æмæ мын дзы иннæтæ дæр фыссой. — Уадз æмæ дзы фыссой, мæ хъæбул! Æмбæлтты уарзын хъæуы. Уæдæ куыд вæййы. — О, фыссой! Æмæ мын уыдон цы ратдзысты?! — Кæд бæззай æмæ сын хорз æмбал уай, уæд дын уыдон дæр ницы бахæлæг кæндзысты, — загъта мамæ æмæ скъаппæй рахаста нæлхæйæ сæрст дыууæ урс дзулы карсты. Кæрæдзийыл сæ æрæ- вæрдта. Гæххæтты сæ батыхта æмæ сæ пъартфелы пеналы фарсмæ нывæрдта. —.Уый та дын аходæн. Улæфты рæстæджы-иу æй бахæр. Скъо- лайы буфет нырма гом нæма у. — Нæ, мамæ! Уый æгæр бирæ у! Хæрд мын нæ фæуыдзæн. Йе ’рдæг ын расæтт. — Кæд бирæ уа, уæд дзы де ’мбæлттæн авæрдзынæ. Цы йыл стыхстæ?! — Уый дæр та — ме ’мбæлттæн! О, æндæр сæ ницы хъæуы! Дзул уыдонæн, чернилæ уыдонæн. Уæд ма дзы мæхицæн та цы зайы. — Уоу-уа, Бæби! Æнхъæлдæн, æвзæр лæппу кæндзынæ. Æмæ уæд хиуарзоны ном, чъындыйы ном дæ сæрæй нал ахиздзæн зæ- ронды бонмæ дæр. Уый та у тынг æвзæр, — дзырдта йын дада. — О, æвзæр! Æмæ, уæдæ ды скъоламæ куы цыдтæ, уæд дæм цы уыд, уыдон иууыл де ’мбæлттæн лæвæрдтай? Баба арф ныуулæфыд: — Гъе, Бæби, Бæби, мæнмæ скъоламæ цæуыны амонд не ’рхауд- та, æндæр æз мæ бæрæгбоны æртæ кæрдзыны дæр иунæгæй ни- куы хордтон. Æз скъолайы къæсæрæй кæсгæ дæр никуы бакод- тон, кæсгæ. 235
— Цæуылнæ, баба? — Цæуылнæ куы зæгъай, уæд нæм мæ лæппуйы заман скъола нæ уыд. — Æмæ дæлæ Дæллагхъæуы скъоламæ цæуылнæ цыдтæ? — Уым дæр нæ уыд скъола. Стæй мын æниу чингуытæ кæм уыдаид? — Æмæ чингуытæ магазины нæ уыд? — Ох, Бæби! Хъал ныхæстæ кæныс. Æз дын уый куы зæгъын, уæд паддзахы заман уыд, æмæ паддзахæн йæ зæрды дæр нæ уыд махæн скъолатæ аразын. Уæды царды хабæрттæ дын скъолайы бæстон бацамондзысты. Ныр та уал æхсæвæр бахæр æмæ схуысс, кæннод райсом æгæр афынæй уыдзынæ. * * * Ирд фæззыгон æхсæв Бæбиты хæдзар йæ фæлмæн хъæбысы æрбатыхта. Æппæтдæр ныссабыр. Æппæтдæр æрфынæй. Æрмæст ма хъуысы къулы сахаты иухуызон цъыкк-цъыкк. Бæби хуыссыди дадайы уаты хицæн сынтæджы. Иуафон да- дайы хъустыл ауад: — Баба! — Цы кæныс бабайы хур? — Скъоламæ мын нæ байрæджы? — Нæ, нæ! Нырма ныр куы ’рхуыссыдыстæм. Бафынæй уал у. Бæби ницыуал сдзырдта. Йæ фарсмæ ма бандоныл йæ пъарт- фелмæ иу каст бакодта æхсæвон цырагъы мынæг рухсмæ æмæ та фæстæмæ афынæй. Æмæ лæппу йæ фыны уыны, цыма февзæрди скъолайы. Уым ис бирæ сывæллæттæ. Иутæм дзы ис пъартфелтæ дæр, иннæтæм — хъуымацæй хуыд хызынтæ. Ис дзы, сæ чингуытæ сæ дæларм кæмæн сты, ахæм лæппутæ дæр. Фæлæ дзы Бæбийы хуызæн рæсугъд пъартфел никæмæн ис, æмæ йыл иууылдæр æмбырдтæ кæнынц, хæлæг æм кæнынц... Фæлæ мæнæ æвиппайды иу стыр сырхахуырст кулдуары зыхъ- хъырæй рагæпп кодта иу хъæхъхъаг урс къæбыла. Скъоладзаутæ фæйнæрдæм алыгъдысты, фæлæ Бæби нал фæцарæхст. Къæбыла йæ цыргъ дæндæгтæ пъартфелы бинаг кæрон фæсагъта æмæ йæ йæхимæ ивазы. Бæби фæтарсти, йæ зæрды ис ныхъхъæр кæнын, фæлæ йæ бон нæ уыд нæдæр ныхъхъæр кæнын, нæдæр алидзын! Бæбийæн йæ кæуын йæ хъуырмæ схæццæ, тынг стыхсти. Фæлæ йæм уалынмæ куыдз дзуры адæймаджы æвзагæй: — Нæ йæ суадздзынæн, нæ! Ды хорз лæппу нæ дæ, чъынды дæ. Дзул дæр дæ цæст никæмæн уарзы. Ахæм лæппуйæн та уадз æмæ йæхицæн дæр мацы уа! — æмæ йæ тынгдæр ныууыгъта. Лæп- пу йæ цæстытæй ракаст. Йæ дыс ын райваз-райваз кодта йæ мад: — Бæби, цæй тынг бафынæй дæ, уый? Скъоламæ дын бай- рæджы уыдзæн. 236
Лæппу цырд фестади, йæхи ахсадта, йæхи арæвдз кодта, ахо- дæн бахордта æмæ, йæ ног пъартфел йæ къухы, афтæмæй араст и скъоламæ. Дуармæ куы рахæццæ, уæд ма фæстæмæ фæзылди æмæ йæ мад æмæ йæ фыдмæ æрбахъæр кодта: — Мамæ, баба! Æз чъынды дæр нал уыдзынæн, ме ’мбæлтты бирæ уарздзынæн! Бакæсын: Хъуппеты Мысост «Æнæбары хъæбыс» (1975), «Цуаноны хæтæнтæ» (1982). БАСИТЫМЫСОСТ (1911-2001) & Баситы Тимофейы фырт Мысосты ном сæ- вæрæн ис, ирон сывæллæттæн мидисджын- дæр, арфхъуыдыджындæр, поэтикон æгъда- уæй æххæстдæр уацмыстæ чи ныффыста, рæзгæ фæлтæры миддуне, сагъæстæ æмæ бæллицтæ хорз чи зыдта, уыцы фысджыты нæмтты æмрæнхъ. Мысост райгуырд 1911 азы 22 майы Цæ- гат Ирыстоны Æрыдоны хъæуы. Раджы бавзæрста царды зынд- зинæдтæ. Дæсаздзыдæй фæцух йæ ныййарджытæй, æнахъом лæп- пу сси бинонты дарæг. 1929 азы Æрыдоны каст фæци авд къла- сы. Уый фæстæ та — цæттæгæнæн курсытæ æмæ ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны хъæууонхæдзарадон институтмæ. Фæлæ йæ фадæттæ кæй нæ амыдтой, уымæ гæсгæ йæ ахуыр кæронмæ нæ ахæццæ кодта. 1933—1937 азты Мысост ахуыр кодта Мæскуыйы ветеринарон институты. Баситы Мысостæн йæ фыццаг чиныг «Мах фæлтæр» мыхуы- ры рацыд 1944 азы. Фыссæгæн йе сфæлдыстады райдианы дæр йе ’ргом фылдæр здæхт уыди рæзгæ фæлтæрмæ. Уымæн æвди- сæн йæ дыккаг чиныг «Сабиты цин» (1947). Уæдæй фæстæмæ йæ уацмыстæ кæрæдзийы фæдыл мыхуыры цыдысты канд Иры- стоны нæ, фæлæ Мæскуыйы рауагъдæдты дæр: «Ногдзауты за- рæг», 1949; «Таймураз», 1950; «Нæ сабитæн», 1953; «Бабайы хуртæ», 1963; «Верблюжонок», 1968; «Додик — маленький джи- гит», 1970; «Мæ гыццыл хъæбултæ», 1971; «Уалдзыгон цинтæ», 1985 æмæ æнд. Фыссæгмæ «царды цы стыр фæлтæрддзинад сæмбырд, уый аив фæлгонцты æвдисы рæзгæ фæлтæрæн». Йæ зæрдæйы цы са- бидуг цæры, уый фæрцы хорз æнкъары сывæллоны зæрдæ, цы 237
хъусы, цы уыны, уымæн аргъ кæны сывæллæтты цæстæнгасæи. Царды алыхуызон фæзындтæ, æрдзы сусæгдзинæдтæ æмæ цæ- рæгойты миниуджытæй раиртасы ахæм нывтæ, саби цымыдис цæмæ кæны. Се ’ргом сын здахы фæзминаг чи нæу, адæймаджы ахæм миниуджытæм дæр. Мысосты сывæллæттæн фыст æмдзæвгæтæ хицæн кæнынц сæ хуымæтæгдзинад æмæ музыкалондзинадæй. Композитор Е. Колес- ников ирон скъоладзаутæн цы зарджыты чиныг сарæзта, уырдæм Мысостæн бацыд дæс зарæджы бæрц. Йæ уацмыстæй бирæтæ хаст æрцыдысты скъолаты ахуыргæнæн чингуытæм. МÆМАДÆН Мæ мадæн Лæварæн Мæ уд дæр дæттын. Мæ мад у Æппæтæй Зæрин хуры тын! Мæ мадæн Лæварæн Æз ноджы дæттын Фырбуцæй Æууылдæй Мыдимæ кæрдзын! Кæннæуæд Йæ дæндаг Фæриссы æдзух... Мæ мадæн Бæмбæгæй Фæлмæндæр йæ къух! МÆНАНА Нæй, никуы, мæ Нана, Рæсугъддæр дæуæй. Тæхуды, куы цæрис Мæнимæ фæрнæй! Дæ ныхас, дæ бахудт, — Бæмбæгау фæлмæн. Дæ хуызæн зæрдæ ма Кæмæн ис, кæмæн?! Дæ хъæбыс — мæ авдæн, Дæ цæстæнгас — хур! Мæхи та фæхоныс — Дæ царды бындур. Тæхуды, дæу аккаг Ныхæстæ ыссар! Ыссар, æмæ искуы Дæ фарнæй ныззар! ИЛАСЫ БÆЛАС Уæд иубон кæцæйдæр æрхаста Илас Йæ къухы, хæзнайау, чысыл бал бæлас. Ныссагъта йæ кæрты нæ саби дзæбæх, Ысфæлмæн ын кодта йæ алыварс зæхх. Уынынмæ йæм уади æртæ хатты бон, Фырбуцæй йæм хаста сæ къанауæй дон. «Цæй, айрæз нын, айрæз, — дзырдта-иу Илас, Рæхджы бон куыд ауай нæ тутайы йас». 238
►æх, Цыд рæстæг... Рæсугъдæй нæ уалдзæг æрцыд, Илас дæр æрвылбон йæ бæласмæ зылд. Цыд рæстæг... Хур касти. Нæ бæлас фæцъ; Йæ къабæзтæ уадзы фæйнæрдæм уæрæх. Йæ сыфтæр — æлæмау, йæ дидинæг — зад, Йæ бакастмæ зæрдæ кæм лæууы æнцад. Илас æм фæсахуыр æрцæуы æдзух Æмæ йыл рæвдаугæ æрхæссы йæ къух. БУЛÆМÆРГЪ Гъæй-джиди, булæмæргъ, Де ’взагæй чи дзуры, Демæ кæмæн у Æдзухæй йæ зард. Гъæй-джиди, булæмæргъ, Риуы мæ зæрдæйау Мемæ куы уаид Æнусмæ дæ цард... Алы бон хъусын дæм Æмæ дæ фиппайын, Цины хъæбулæг Ды иуыл кæй дæ, Хуры рæсугъд тынтау Райдзаст кæй разилыс Дидинæг уигъгæ Æнувыд мæнмæ. Дзурын мæм байдайыс Райгæ дæ бадæнæй, Чи зоны, курыс, Цæмæй дын зæгъон: — Азар, цæй, азар мын, Азар, дæ хорзæхæй, — Æрдзæн йæ фидауц, Мæ цины бæлон! Афтæ у. Азарæм Иумæ нæ кадæджы. Иумæ æрвитæм Нæ уалдзыгон бон. Уадз æмæ азæла Дардыл уæлахизæй Иумæ нæ хъæлæс, Дæ фæхъхъау фæуон! ног чиныг Чиныг мын Балæвар кодта Баба, Гом дæр нæма уыди — Ног у нырма. Маст мын дзы ракодта Иу дзырд æрмæст... Судзæгау акодта Уымæй мæ цæст!.. Байхъусут, цавæр уыд, Уый уын зæгъон: «Хæст», зæгъгæ, Фыст уыди сыфы кæрон. Иухатт куыд басыгътой Знæгтæ нæ хъæу... Уæвгæ... йæ дзурын дæр Афтæ ’нцон нæу! Зæрдыл æрбалæууыд Уайтагъд мæ мад... Донау мæ цæстысыг Рустыл æруад... Чи та цæттæ кæны Хæстмæ, цæмæн?! — Абон æз уый тыххæй Сидзæр куы дæн! 239
МÆ УДЫГАГА Нæзы тархъæды Хъæбатыр цæргæс, Зыбыты иунæг Хæххон сæрвæттæ, Æхсæры тала... Мæ уарзон Дада!.. Саби фæдзуры: Саби ныдздзуры: «Мæнæн мæ Нана, «Сымах куы хонын, Мæ иунæг Нана — Нæ Иры хæхтæ, Мæ удыгага!» Мæ удыгага!» Мæйрухс æхсæвтæ, Цъæххъулон уалдзæг, Кæрон уын ма уа! Саби ныдздзуры: «Нæ Иры бæстæ — Мæ дыууæ цæсты, Мæ удыгага!..» РОЗÆ-ДИДИНÆГ Дымгæ фенцади Дымгæ фенцади Згъорын, кафынæй... Згьорын, кафынæй... Розæ-дидинæг Розæ-дидинæг Кæртыафынæй. Кæрты афынæй... Уымæ бонвæрнон Саби розæмæ Ракаст хъæлдзæгæй. Касти рудзынгæй... Ноджы ферттывта Гъе стæй адджынæн Арвыл худгæ мæй... Базыл афынæй... ИССÆЙЫ ЗАРÆГ ХЪУСТЫЛ УАЙЫ Мæ хъустыл уарзон зарæг уайы, Йæ цинæй нал æфсæды зæрдæ. Æдзух æм хуры тын дæр райы, Хъырнынц ын райсом раджы мæргътæ... Уый уæлæ хосдзауты æхсæнæй Иссæйы тохы зарæг хъуысы... Цыма та уадæмдых æхсæвæй Инæлар фыдгултæм фæбырсы!.. Гъе уыйау февзæрди мæ цуры Йæ сурæт — ронæлвæст, хæрзкондæй! Цыма та уадæмдых æхсæвæй Инæлар фыдгултæм фæбырсы!..
Мæ хъустыл уарзон зарæг уайы, Йæ цинæй нал æфсæды зæрдæ!.. Æдзух æм хуры тын дæр райы, Хъырнынц ын райсом раджы мæргътæ... ÆРТТИВ НÆМ, ХУРЫ ЦÆСТ! Æрттив нæм, хуры цæст, уæларвæй, Дæ хъармæй сабиты рæвдау! Хæсс нæм æвдадзы хос хæларæй, Нæ цинтыл ног цинтæ æфтау! Фæсур-иу сау мигъты нæ бæстæй, Хæстæг нæм ма æруадз мæйдар! Æркæс нæм аудгæ дæ цæстæй, Ыскæ нын дидинтæй хæдзар! Ды бауаф сабитæн хæдæттæ Дæ зæлдаг хъарм тынтæй дзæбæх! Дæуимæ мах куы стæм хæлæрттæ, Дæуæй куы ныббуц и нæ зæхх! Æрттив нæм, хуры цæст, уæларвæй, Дæ хъармæй сабиты рæвдау! Хæсс нын æвдадзы хос хæларæй, Нæ цинтыл ног цинтæ æфтау! ТАЙМУРАЗ ( Цыбыргондæй) Сау мигътæ æртыхстысты Таймуразы уарзон хъæуыл. Колхо- зон хъæлдзæг фæсивæды зарджытæ æмæ сабиты цины уынæры бæсты ныр хъуысы сылгоймæгты æрдиаг, сывæллæтты цъæхахст, тарст кæрчыты хъæр... Таймураз цалдæр хатты афæлвæрдта кæртмæ рацæуыныл, фæлæ йæ Чабæхан нæ рауагъта, исты йыл куы æрцæуа, зæгъгæ. Иузаман сæм чидæр дуар ахæм тызмæг хост бакодта, æмæ агъуыст нызмæлыд. — Чидæр нæм дзуры, — сдзырдта Чабæхан, ныккæндæй схыз- ти, тæрсгæ-ризгæйæ дуар байгом кодта æмæ дæ фыдгул уыйау: дуармæ лæууыди цалдæр æнæдаст бурхæмхудджын фашисты. Чабæхан фæтарсти гитлерон фыдгæнджытæй æмæ фæстæмæ йæ- хиуыл дуар ахгæдта. Фашисттæ дуар ныххостой æмæ æнахуыр æвзагæй сдыгъал-дыгъул кодтой. Чабæхан цы акодтаид фыртæс- сæй, уый нал зыдта, æмæ дуар кæд къæпсырæй æхгæд уыди, уæддæр ма йæм йæхи сбыЦæу кодта фидардæрæн. Дуары гуып- 1 б Ирон Л1ггерлтурæ сывæллæтгæн 241
пытæм ныккæндæй уатмæ схызти Таймураз дæр. Афицертæ фыр- мæстæй бирæгътау бырстой мидæмæ æмæ цалдæрæй уыциу хæст бакодтой дуарыл. Дуар сæ сæрыл бахастой. Ус ахауди уæлгоммæ. Немыцаг фыдгæнджытæ тарст сылгоймаджы сæ къæхты бын скод- той, иу ын автоматы хъæдæй йæ къæмисæн ныццавта. Чабæхан ныхъхъæрзыд. «Удхор цъаммартæ!» — зæгъгæ ма ныхъхъæр кодта. Афицер æм бауад æмæ йын цырыхъхъы зæвæтæй йæ галиу фарс нырриуыгьта. Мад ма Таймуразмæ цыдæр сдзырдта мæлæг уды хъæлæсæй, стæй бауадзыг ис. Таймураз йæ мады куы ауыдта тухитæгæнгæ, уæд æм базгъордта æмæ скуыдта. Сылгоймаджы æфхæрджытæ къуымты зилынмæ фесты. Ницыуал ныууагътой æнæ сфæлдахгæ: хуыссæ- нæй, чырынæй, æндæрæй. Чабæханыл фæхæцыдысты æмæ йæ кæртмæ раппæрстой. Мад нал æрчъицыдта. Чабæханы хæдзары æрцардысты дыууæ немыцаг афицеры æмæ сæ фæсдзæуин — кæстæриуæггæнæг. Фæрсылæй хордтой хæдза- ры бæркад. Мæргътæ хæрд куы фесты, уæд аргæвстой роды дæр. Таймураз йæ хæдзары цæргæйæ баззад; никуыдæм. ракуымдта æмæ йæм сыхæгтæ уырдæм дардтой сæ цæст, чи куыд арæхсти, афтæ. Уый йæ сырх галстук арф йæ роны бамбæхста, афтæмæй хуыссыди ныккæнды. Сабийæн æдзух йæ хъустыл уадысты йæ мады фæстаг ныхæстæ. Йæ цæстытыл уадис йæ мады æвирхъау мæлæты ныв, æмæ йе ’взонг зæрдæйы рæзыди масты нæмыг. Хатгай-иу ацыди хъæубæстæм. Базонгæ ис иу цавæрдæр зонд- джын зæронд лæгимæ, йæ фыды дæр ын хорз чи зыдта, ахæ- мимæ. Арæх æмбæлдысты уыцы цæхæрцæст зæрондимæ. Чи зоны, кæй уынаффæтæ тынгдæр зындысты лæппуйы зон- дыл, фæлæ уæддæр уый фылдæр бадти сæхимæ иунæгæй. «Цума» йын кодта фашистон афицерты фæсдзæуин-хæринаггæнæг: куы «дон æрбадав», куы «суг, æвзалы æрбадав», куы цы. Æнæуынон ын уыдысты йæ лæгхор «уазджытæ» æмæ-иу сæхицæй ацæуын- вæнд дæр акодта, фæлæ-иу йæ зæрдыл куы æрбалæууыд йæ урс- зачъе хæлары фæдзæхст, уым цæр æмæ дæ цæст дар, зæгъгæ, уæд та-иу аивта йæ лæмæгъзæрдæ фæнд. Йæхи ныхъхъæддых кодта æмæ загъта, быхсын хъæуы, зæгъгæ. «Дзырд фæсайыны бæсты — мæлæт хуыздæр», — хъуыды кодта уый йæхинымæр. Иу райсом Чабæйы марджытæ хæдзар æмæ уаты иу къуым æнæсгæрст нал ныууагътой. Тæлмацы æххуысæй Таймуразы дæр бафарстой: — Уатæй фесæфти æртæ гранаты, къухæй æхсгæ, нæ сæ федтай? — Нæ федтон! — загъта лæппу. — Æз уатмæ цæугæ дæр куы никуы бакодтон! — Дæ цæст дар ацы æвзонг сырдмæ! — карз бафæдзæхста иу афицер йæ фæсдзæуинæн. Иу æхсæвæрафон та Таймуразы «уазджытæ» æрбадтысты дзаг стъолы уæлхъус. Кæцæйдæр æрбахуыдтой ноджы æндæр афи- церты дæр. Хордтой æмæ нуæзтой хъæлдзæгæй. 242
Таймураз хус каухалæнтæй бандзæрста арт æмæ пецы раз æрбадти. Пецы цæхæры рухсмæ йæ уадултæ æрттывтой æфхæрд- хуыз фæлурсæй. Йæ зæрдыл та æрбалæууыд йæ уарзон мад, се скъола, хъуырмæ схæццæ ис йе стыр маст æмæ ма йæ тыххæй урæдта. Иурæстæг куы уыд, уæд æм лæггадгæнæг гитлерон фæ- дзырдта: — Лæппу, цу æвзалытæ æрбадав æмæ сæ пецы бакал! Таймураз фестади, къæрта райста æмæ кæртмæ рахызти. Ис- дугмæ йæ мидбынаты алæууыд, йæ зæрдæ ныфсæй айдзаг ис, фæйнæрдæм акасти, стæй цæхæрадонмæ бараст и. Уым йæ сусæг æвæрæны раз æрлæууыди, фæйнæрдæм та акаст æмæ, куы никæй федта, уæд къæртайы авæрдта къухæйæхсгæ немыцаг гранаттæ иу-цалдæр, цæттæ ифтыгъдæй, уырдыгæй сарамæ бацыд æмæ сыл æвзалытæ æркæнон, зæгъгæ, куыд æргуыбыр кодта, афтæ дуары хъæр фæцыд. Таймураз фесгьæлфыди. Æвзалытæ æркодта къæр- тайы æмæ, цыма ницы уыд, уыйау йе ’взалыйæдзаг къухтæ ацагъ- та, къæрта систа æмæ йæ бахаста уатмæ. Афицертæ сæ хæрд æмæ нозты кой кодтой. Хæринаггæнæг арынджы цыдæртæ архайдта. Таймураз къæй сыгом кодта æмæ гранаттæ æвзалытимæ иумæ æхсидгæ арты ныккалдта, йæхæдæг йæхи кæртмæ райста. «Хорз! Хæрут ныр... — сдзырдта Таймураз æмæ арф ныуулæ- фыд. — Ныр цы уа, уый уæд, лидзон тагъддæр!» — загъта йæхи- нымæр æмæ йæхи сарæзта хъæугæронмæ. хозитыяков (1916-1938) * Ссæдзæм æнусы æртынæм азты ирон литературæмæ цы курдиатджын фæлтæр æрбакъахдзæф кодта, уыдонæй иу уыд Хозиты Ясоны фырт Яков. Яков райгуырд 1916 азы 8-æм февра- лы Цæгат Ирыстоны Зруггомы Хозиты хъæуы. Йæ фыццаг æмдзæвгæ ныффыс- та, Кировы хъæууон скъолайы куы ахуыр кодта, уæд. Фæстæдæр йæ ахуыр адарддæр кодта облæсты фыц- цаг фæлтæрæн-дæнцæгон скъолайы, уый фæстæ та — хъæууон- хæдзарадон техникумы. 1932 азы Яков сси Цæгат Ирыстоны пе- дагогон институты литературон факультеты студент. Уыцы азæй фæстæмæ йе ’мдзæвгæтæ мыхуыры цæуын райдыдтой газеттæ æмæ журналты. Уæлдæр скъола иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст куы фæци, уæд æй ахуыр кæнынмæ арвыстой наукон-ирта- сæг институты аспирантурæйы литературон хайадмæ. 243
Хозиты Яковæн бирæ ныффыссын нæ бантыст, фæлæ йе сфæл- дыстады бæрæгæй зыны цардбæллон поэты зæрдæйы уаг, ныфс æмæ ног царды комулæфт («Республикæ», «Нæ уарзон Совет- тæн», «Зарæг бонтыл», «Октябры сидтон», «Терчы хъазт», «Ног Ир», «У къæрцхъус»). Æрыгон поэт кодта тæлмацы куыст дæр. Раивта ирон æвзагмæ А. Пушкин, М. Лермонтов, И.-Ф. Шиллер, Ш. Руставели æмæ æндæр фысджыты уацмыстæ. Зындгонд сты Яковы цыргъзонд эпиграммæтæ æмæ пародитæ дæр. Яков йæ курдиатæй æнæ хай нæ фæкодта сывæллæтты дæр («Зæрдиаг лæвар», 1938). Рæзгæ фæлтæры бæллицтæ æмæ зæр- дæйы уаг бæрæгæй зынынц йе ’мдзæвгæты («Ныстуан сабитæн», «Гæлæбу æмæ скъоладзау», «Сабитæ æмæ афæдзы афонтæ», «Саби- ты ныхас тæхæгимæ»). Хозиты Яковмæ цы стыр поэтикон хъару уыди, уый йын кæ- ронмæ равдисын нæ бантыст. 1938 азы, Терчы, йæхи найгæйæ, хæрзæрыгонæй «аныгъуылд йæ царды сгьалы». НЫСТУАН САБИТÆН Нæ хъæлдзæг царды буц хъæбултæ, Нæ цин, нæ сомы бонты ныфс, Æвзонг фæлтæр, — нанайы хуртæ, Дæттын салам сымахæн æз. Æдзух, кæмдæриддæр уæ зардмæ, — Сæрыстырæй хæстæг тырнын, Уым æз уæ ныр, уæ фидæн цардмæ Ныфсджын, зæрдæрухсæй кæсын. Æмæ уынын уæ алы сдзырды, • Уæ алкæйы цæсгомыл дæр: Нæ бæстæйы æсуинаг фырты, Йæ намысы, йæ тохы сæр. Скафы тынгдæр риуы зæрдæ, Уæ рæнхъыты æз дæр вæййын; Сымахæн рæзынц рог мæ фæндтæ Æмæ сæ цингæнгæ хæссын. ХÆСНАГ Иу хатт дын сырдтæ ыскодтой хæснаг: , «Чи фендзæн хурыскаст махæй фыццаг?» Се ’ппæт дæр загътой: «Æз фендзынæн раздæр^ Рувас дæр, тæрхъус дæр, бирæгъ дæр, арс дæр. Хорз, уæдæ! Сбадтысты хуры ’рдæм иу рæгъ — 244
Рувас уа, тæрхъус уа, ноджы цъæх бирæгъ... Бадынц. Скæсæнмæ иууыл сæ каст. Фæлæ дын, кæс, æмæ мæнæ нæ арс Раздæхта йе ’ргом ’мæ фисынмæ сбадти, Афтæмæй хæхты бæрзонддæрмæ касти. Каст уæдæ цы; æмæ иннæтæй алчи Ууыл йæхинымæр худæгæй марди... Цас рацыд, чи зоны, афтæ сæ бадтыл, — Уалынмæ хуры цæст сæмбæлди рагъыл. Сæмбæлди, — хохæй нæма сзынд æппындæр. Гъемæ ма иннæтæ бадынц гъеныр дæр. Арс дын фæгæпп ласта: «Федтон фыццаг!» — Йе ’мбæлттæм дзуры йæ хъæлæсыдзаг... «Амбылдта!» — загътой æмхуызон сæ ныхас Бирæгъ уа, тæрхъус уа, хинæйдзаг рувас... Ууыл ма абон дæр аргъауы дзурæм: «Арс дæр ма зоны йæ фæзынæн хурæн!..» УЫЦИ-УЫЦИТÆ 1. Базон, базон уый та циу, — Нæу цæргæс, бæлон, гъе цъиу, Фæлæ уый тæхы бæрзæндты, Хæхтæн, быдыртæн сæ сæрты, Æмæ бæстæтæм кæсы; Йемæ адæмы хæссы, — Афтæмæй йын уд дæр нæй, У æфсæн æмæ хъæдæй! 2. Уæдæ æз цы федтон абон, Уый ма ды ныртæккæ базон, Бауырнæд мæ ныхас дæу, — Уый æппын гæды дзырд нæу: Иу хæдзар ыссыгъди разæй, Бакъуырма дæн æз йæ уастæй. Æмæ иннæтæ фæд-фæдыл Уымæн тахтысты йæ фæдыл Сау дыууæ лыстæг æндахыл, Цæст нæ хæцыди сæ тахтыл, Афтæмæй йæ хуылфæй дард Хъуысти адæмæн сæ зард. 3. Цæй уæдæ, — уыциу-уыциу, Базон ноджы, — уый та циу: Къулыл ауыгъдæй лæууы, Хъæлдзæг зарджытæ кæны, Зоны хабæрттæ æппæтдæр, Авд æфцæгæй дæр æддæдæр. Æмæ чи бады йæ цуры, Уыдонæн сæ уый фæдзуры. САБИТÆ ÆМÆ АФÆДЗЫ АФОНТÆ I Сабитæ æмæ зымæг С а б и т æ: 'Рцæуы та нæм уæлæ, Цъитиджын хæхтыл, Урсзачъе фæстæмæ, Урс къуылых бæхыл. 245
3 ы м æ г: Багъæцут та, багъæц, Бахæццæ уæм уон; Фаг кæуыл нæй дарæс, Уымæн — сар йæ бон! С а б и т æ: Рауай, рауай, ма тæрс, Ницы у дæ хъызт, Хъарм, фæлмæн нæ дарæс, Алчи дæр — фæлыст. 3 ы м æ г: Хорз уæдæ, æз рындзтыл ’Рывæрон мæ мигъ, Кæддæра уæ фындзтыл Цас æрзаид их. С а 6 и т æ: Мигъæй мах нæ тæрсæм, Ма нæм дзы æвзид, Фæлæ дын фæдзæхсæм, Рахæсс тагъддæр мит! Бамбæрз къултыл, фæзтыл Ды дæ кæрц нæуæг, Æмæ та дæ фæрстыл Мах бырæм цæрдæг. 3 ы м æ г: Уæдæ-ма фæлæуут, — 'Рывæрон хъæпæн; Хъуамæ мæ æнхъæлут, Пакъуыйау, фæлмæн. С а б и т æ: Ма кæ, ма, мæстыгæр, Ма нæм дзур æгæр; Уар цæйбæрц фæнды дæ, Махæн уый хуыздæр. — Оххай, — загъта ’нкъардæй Хъызт зымæг — фыдуд, — Хъал стут уæ цардæй Æмæ мæм уæндут. Рацæут, уæ ныхмæ Нæу хæцын мæ бон, Цас нæ уой мæ тыхтæ, Цас тызмæг нæ уон. Хъазут та, хæлар уын Уæд мæ мит. Тырнут! Æз сымахæн уарын Æмæ йыл бырут.
С а б и т æ. Тагъддæр, тагьддæр — къултæм Дзоныгътимæ цом! Кафгæ, хъазгæ, худгæ ’Рвитæм мах нæ бон. Цинимæ — нæ райгуырд, Цинимæ — нæ рæзт. Ахуыр æмæ ахуыр, Махæн у фæдзæхст. Хъæлдзæг у нæ рæстæг, Амондджын — нæ цард. Хуры цæст — нæ бæстæ, Хуры тын, — нæ мад... Бонтæ! Махау згъорут, Дзоныгътыл сымах, Æмæ нæм æрхонут Буц уалдзæджы тагъд!.. ■'4< *й' ЦÆРУКЪАТЫ АЛЫКСАНДР (1918-2000) $ Цæрукъаты Ибрагимы фырт Алыксандр райгуырд 1918 азы 12 декабры Дыгуры районы Хъарман-Сындзыхъæуы. Каст фæци авд къласы, кусæг факультет, рай- ста ахуыргæнæджы диплом æмæ куыста ахуыргæнæгæй. Уыцы иу рæстæг фæсау- уонмæ ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны пе- дагогон институты. 1957 азы каст фæци Мæскуыйы М. Горькийы номыл литературон институт. Дзæвгар азты фæкуыста чиныгуадзæн «Ир»-ы аивадон литературæйы хайа- ды редакторæй. Бирæ хæрзты бацыд нæ адæмæн ирон классикон æмæ нырыккон дзырды хæзнатæ адæмы рæгъмæ хæссыны хъуыд- даджы. Алыксандр æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта астæуккаг скъо- лайы ахуыр кæнгæйæ. Йæ фыццаг поэтикон æмбырдгонд «Æмдзæвгæтæ» рацыди 1947 азы, æмæ йыл литературон кри- тиктæ æмæ чиныгкæсджытæ сæ цæст æрæвæрдтой. Йæ чиныг «Арвæрдын» æвдадзы хос фæци ирон аив дзырдæн. Уымæй рай- дыдта ирон поэзийы ног заман. Кæстæр фæлтæры фысджытæн уыд «арвы дуар, арвы айдæн». Федтой дзы сæ цард, сæ рæстæ- джы æууæлтæ, историйы комулæфт, хъуыды æмæ æнкъарæнты ног дуне, нывæфтыд поэтикон ныхас. «Арвæрдын»-ы фæстæ дзæвгар чингуытæ рацыд Алыксанд- 247
рæн: «Лирикæ», 1974; «Фыдæй-фыртмæ», 1978; «Зæрдæйы фæн- дæгтæ», 1984; «Æвзистсыг къæвдатæ», 1988 æмæ æндæртæ. Йæ курдиат рæзыд, бæрзондæй-бæрзонддæр кодта. Поэтæн йæ бон баци йæ рæстæджы æууæлтæ рахатын, йæ дуджы риссаг фæр- стытæ раиртасын. Хъæздыг æмæ бæркадджын у Алыксандры сфæлдыстад. Йе стыр курдиатæй хайджын сты сывæллæттæ дæр. Йе ’мдзæвгæтæ æмæ аргьæуггæ раджы систы рæзгæ фæлтæрæн уарзон æмæ адджын («Дада, чызг æмæ хосгæнæг», 1962; «Мыстачъе — усгур», 1963; «Лæг æмæ хæйрæг», 1967; «Цард æмæ мæлæты ’хсæн», 1971). ХЪÆДХОЙ Хъæдхой, хъæдхой, хъæдхойæг, Фæцæуы дæм нæ хонæг. Нæ бæлæстæн куывд кæнæм, Æнæ дæу цин куыд кæнæм? Нæ бæлæстæм ды зылдтæ, Сæ рынсафæг ды уыдтæ: Сæ зулкъ-иу сын ды уыгътай, Рæмпæгæй сæ ды хызтай. Нæ бæлæстæ — дзæгæрæг. Сæ гагадыргъ фæбæрæг. Хъæдхой, хъæдхой, хъæдхойæг, Сауцъиу куы у дæ хонæг. Дзывылдар уыл æмбæлдзæн, Уый дæр куывдмæ куы цæудзæн. Зæрватыкк уыл æмбæлдзæн, Уый дæр махмæ куы тæхдзæн. Хъæдхой, хъæдхой, хъæдхойæг, Фæцæуы дæм нæ хонæг. МАРТЪИ Нæ митдзар быдыртæ Хъæддаг давон — скъуда Сæ салдæй тæфсынц, Ысдардта йæ сæр... Хæрисы къуыбыртæ Дымсæгау нæрсынц. Пысырайы ’ууæрцъы Фыццаг хатт хæрын. Фæсыфтæрджын къутæр, Куыд хорз у нæ æрдзы Уым — цъиуты пæр-пæр. Хъæбысы цæрын! 248
ТУТА БÆЛАС (Æмбисонд) Фæдаргъи бон.. Фæхъарм... Кæрдо бæлас, фæткъуы æмæ æхсынцъы Зæгъынц: «Нæ тута рухс уалдзæг нæ хынцы. Мах калæм дидинæг... Нæ цъæх сыфтæр фæарм. Нæ сыхагыл нырма къуыбыр дæр нæй: Кæны фынæй... Лæудзæн ма гомхихæй, — нæ дыргъ Уыдзæн гъеуæдмæ бурбын рæгъæд, сырх...» Кæрдо бæлас, фæткъуы æмæ æхсынцъы Уым кодтой цалынмæ ныхас, — Кæсынц æмæ — сæ хъуыры маст нылхынцъы: Сæ цъæх гага нæма ссардта йæ ас — Сæ сыхаг стыр тута бæлас Куы фестад саугага æлæмтæ! Хæрынц дзы адæм æмæ мæргътæ... Кæд ацы ’мбисонд не сæргоми фаг, — Зæгъын цыбырныхасæй: — Фæсте сурæг æдзух нæ баззайы фæстаг — Æрцæуы хатгай дугъы разæй! ЦЫ РАСАЙДТА ЙÆ ФÆДЫЛ КЪОРИ? Гæззи бæгъæмсарæй кæртмæ рацыди. Йæ цæстытæ æууæрды. Дысон дæр та æрæгмæ схуыссыди: суанг дыккаг кæркуасæнты онг фæкасти чингуытæ... Уайтагъддæр ыл сæрдыгон цыбыр æхсæв æрбабон. Ацы райсом иннæ хæттытæй бирæ фæстæдæр сыстад, уæддæр ма йæ хуыссæг ахсы. Йæ сæры сæмхæццæ сты, Жюль Верн æмæ Перельманы чингуыты Мæймæ чи атахти, уыцы адæмы хабæртгæ... Йæ разы февзæрынц æнахуыр адæм, æнахуыр сырдтæ, стæй æрбацыдæр вæййынц... Лæппу йæ ком аивæзта. Йæхи цæуыл аирхæфса, уый нæ зоны. Цæхæрадонмæ уал куы бахизин, кауы сæрты бакаст. Йæ 6æ- гъæввад къахы бын фæци хъæдын къори... Лæдзæгæй йæ ныкъ- къуырдта дзæгъæл хуымæтæджы. Цæмæй зыдта, йæ фæдыл исты расайдзæни!.. Къорийæн сарайы къуымы, фæйнæгыл, йæ гьæпп фæцыд. Сæ гæды уырдыгæй сонт гæпп раласта — кæрчытæ дзы фæтарстысты. Гæды кæркдоны сæрмæ йæхи фехста. Кæркдоны сæрæй стахти гугукк. «Кæд ын уым ахстон ис, уæд æй гæды куы 249
базона», — ахъуыды кодта лæппу æмæ уырдæм схызт. Фæлæ цæй ахстон, æмæ цæй цыдæр! Æрмæстдæр дзы — гугукк кæй бахсыдта, уыцы хъугдæйы мард. Гæззи фæстæмæ æрхизынмæ куыд хъавыд, афтæ кæркдоны тъæпæн сæрыл фæкомкоммæ кæсагахсæн стыр къутуйы хæлд- дзагмæ. Йæ къæбут ныхы, афтæмæй йæ мидбылты худы: къуту уыди Мæймæ тæхæн ракетæйы гуыффæйы хуызæн. Фалдæр, æмбæрзæны кæрон, дывæрццыджы михыл сагьд — æфсæйнаг пецы трубайы саст. Лæппу йæ къутуйы къæдзилыл хъазæгау телæй бабаста. Уыйфæстæ къутуйы хуылфы хъæмп нывæрдта æмæ йæм балæст. Уалынмæ йæ мады хъæр йæ хъустыл æруад: — Кæм дæ, мæ къона, хъазты хизынмæ аскъæр æмæ сæ фæ- хъахъхъæн. Фæлæ Гæззи къутуйæ æддæмæ ралæсынмæ фæзивæг кодта. Йæхи уæлгоммæ ауагъта фæлмастæй. Æмбæхсты хуызæнæй дзæв- гар фæхуыссыд. Тынгæй-тынгдæр йæ ком ивæзта.. Цыма раке- тæйы бады, уыйау æм кæсын байдыдта. Йæ хъуыдытæ уалынмæ фескъуыдысты: æрфынæй къутуйы хуылфы. Æрфынæй, æмæ та æнахуыр цыдæртæ йæ цæстыл уайынц, цыма мигътæ бынмæ згъæ- лынц, цæугæдæттæ сæхи хæрдмæ сисынц, быдыртæ цъилау ныз- зилынц сæ мидбынаты... Мæнæ Гæззи къуту-ракетæйы фæтæхы уæларвмæ. Хæрзбон, Урсдоны дон! Хæрзбон, Хъæриуы хох! Æврæгътæ дæлæуæз баззадысты. Иуахæмы нæ бæлццон йæ сæр æддæмæ радардта ’мæ сдзырдта: «Дæлæ зæхх цы къаннæг ныцци! Нæ хуынчъытæ тебæйы йас дæр нал у!» Къуту-ракетæ ноджы фæцырддæр кодта йæ тахт. Йæ къæдзилы трубайæ сау фæздæг кæлы. Гæззи хъуыды кæны: «Мæймæ тæхон æви Марсмæ? Цæй, Марсмæ атæхон, Мæйы тыххæй уæддæр цы- дæртæ куы зонын», — уыйадыл руль рахизырдæм фæзылдта. Марс бæлвырддæр зынын байдыдта. У зыгъæрттæ, æрдæга- рыд нартхоры кæрдзынау... Æппынфæстаг Марсыл æрбадт. Рахызт. Йæ къах сындæггай æрæмбæлди йе ’нæзонгæ дунейыл. Йæ разы иу стыр мæнтæг фæци, нæхимæ фæткъуы бæласы йас. Бæлццон йæ «тæхæн нау» мæнтæджы сыфы бын бамбæхста, йæхæдæг алырдæм фæлгæсы. Арвгæрæтты бадынц кæрæй-кæронмæ сырх æмæ цъæх тæлмытæ. Хур зыны тынг дæрддзæфæй. Бирæ цæмæйдæрты лæппумæ Марс фæкаст зæххы æнгæс: ис дзы хæхтæ, хъæд, дæттæ... «Фæлæ цымæ йæ зайæгойтæ, йæ цæрæгойтæ та цавæр, цы хуызæн сты?» — йæхинымæры хъуыдыгæнгæ арасти. Схызт иу тъæпæн обаумæ. Цы алыхуызон дидинджытæ йыл зайы! Зæххыл ахæмтæ никуы федта. Сæнтурс æмæ дзы сæнтсырхæй уæлдай ис сæнтсаутæ дæр, сæ уæлæ иугай бур стъæлфытæ. Æниу цы дынджыртæ сты! Кæнæ йæ кæрдæджы хал куыд ставдзæнг æмæ фæтæнсыф у! Фæцæуы дарддæр. «Уæртæ цы бæлас! Цымæ фæткъуы у æви кæрдо?» Гæззи йæм куы бахæстæг, уæд йæ къалиутæ æрбампыл- 250
дысты. Уайтагъд йæ дыргътæ йæ хъæбысы амбæхста, — йæхи ныттилы, нывзиды. Бахæццæ чысыл доны былмæ нæ бæлццон... Иуæй иннæ дис- сагдæр... Гæрæм гæккуыри, йæ гуыбын — тыппыр, дыууæ сæры йыл даргъ къубæлттимæ. Сæртæй иу хизы кæрдæгыл, иннæ та доны ауагъта æмæ кæсæгтæ ахсы. Лæппу йæ цыды кой кæны. Цъыфдзæстытæ, хъæзбынтæ... Ацы хатт тынг фæтарсти. Æрæмбæхст: цъымарайæ слæст æвирхъау цæ- рæгой. Йе стыр цæстытæ урс стъæлфæнтæ акалдтой, ныхъхъæр ласта. Ныддæргь и былгæрон. Алы рæттæй йæм згъорынц хæф- сытæ, мыстытæ æмæ уырытæ... Байгом йæ кæфойы хуызæн дзых — æнамонд цæрæгойтæ гом хъæлæсмæ багæппытæ ластой хæпп-хæп- гæнгæ, цъыс-цъысгæнгæ. Суанг ма йæм иу маргъ дæр батахт. Æвир- хъау цæрæгой æрæхгæдта йæ кæфой-дзых. Фæстæмæ цъымарайы ныллæст. Уыцы рæстæджы хъæзбынæй æрбацыд æндæр æвир- хъау цæрæгой. Йæ сæры бæрæг астæу хæрдмæ ныхъхъил стыр сыкъа. Кæфойдзых уайтагъд фæстæмæ цъымарайæ фæуæле, æмæ дыууæ æбуалгъы кæрæдзимæ сæ дзыхтæ фæхæлиу кодтой. Кæ- фойдзых сыкъасæрыл йæхи ныццавта æмæ йын йæ фарсæй гæп- пæл ратыдта. Сыкъасæр лидзынмæ фæци, фæлæ йын кæфойдзых йæ къæдзилыл фæхæст и, цъымарамæ йæ баласта. Æвиппайды йæм сыкъасæр фæлæбурдта, йæ хæмхудтæ йын ацахста, йæ дзых ын сыгом кæнын нал бауагъта. Кæфойдзых йæ гæндзæхтæ сцагъта. Феуæгъд. Фæлæ йæ бырынкъ тынд æрцыд, йæ туг фемæхст. Фæ- лæбурдтой та кæрæдзимæ. Кæфойдзых дæндагæй рæвдздæр уыд, йæ буар та — хъæбæр цъарæй æхгæд, уымæ гæсгæ сыкъасæрæн зын рæдувæн уыдис. Иуахæмы кæрæдзийы сæ дæндæгтæ ныс- сагътой. Ныхъхъус сты. Кæфойдзых æваст йæхи арæдывта — сы- къасæры фарсæй та иу гæбаз фæхауд. Сыкъасæр æй басырдта. Кæфойдзых фæстæмæ фæзылд æмæ та æрбагæпп кæнынмæ куыд хъавыд, афтæ сыкъасæр йæхи фæгуыбыр кодта, кæфойдзыхы йæ сæрæй сгьæпп ласта. Сыкъа, цыргъ хъамайау, йе знаджы гуыбы- ны суади æмæ йæ синтæй скасти. Кæфойдзых йæхи ныттилы, стæй йе знаджы æхсынын райдыдта. Сыкъасæр йæ мидбынаты зилдух систа. Уалынмæ йæ фарс фегом, йæ хуылфыдзаумæттæ разынды- сты. Кæфойдзыхы бон дæр ницыуал уыд: ауындзæгæй баззад. Фæстагмæ сæ дыууæ дæр мардæй æрфæлдæхтысты. Гæззи хъæзбынæй рахъуызыд. Лидзæг фæци удаистæй... Фæцæуы дарддæр. Æрхызт хъæдбынтæм... Кæсы, æмæ цъыхы- рыйæ стахти мæлхъы æнгæс маргъ. Йæ даргъ къæдзилыл æрца- уындзæг уæртджынхæфс, афтæмæй бæрзонд хохы фале фесты. Лæппу рахæццæ стыр цъайты æрдузмæ. Иуран хъамылæй ралæ- гæрста сатæгсау сырд, йæ бырынкъ — хъæддаг хуыйы бырынкъ, йæ синтыл, йæ фæрстыл ленкгæнæн базыртæ. Цъайы былгæрон дурыл йæ дæндæгтæ цыргъ кæны. Уалынмæ йæхи доны нывзыл- дта, раласта дзы егъау кæфы, йæ гæндзæхтæ цæгъдгæ. Нæ бæлццон рафтыд иу быгъдæг фæзуатмæ. Йæ сæрты цы- 251
дæр фæсыффытт ласта. Скаст æмæ — калм фæтæхы: йæ сæр — маргъы сæр; æрбатымбыл вæййы æмæ йæхи хъандзалау фехсы. Тæхгæ-тæхын райхæлы бæндæнау, стæй ног æрбатымбыл вæййы æмæ та ноджыдæр дарддæр йæхи нынгьухы. Гæззи та цæуы, цæуы. Мæнæ æрлæууыд фурды раз. Былгæ- рæггы уæрдоны гуыффæйы йас афтид сæтæлджытæ. Дымгæ иучы- сыл куы радымы, уæд ныййазæлынц алыхуызон рæсугъд хъæлæ- стæй... Лæппу дзы иуы донмæ фесхуыста. Йæ къухты систа кæ- саджы хъустæ фыййæгты бæсты. Абадт сæтæлæджы. Фæленк кæны фурды фаллаг фарсмæ. Йæ комкоммæ ныллæджыты æрба- цæйтахт цавæрдæр цъиуты бал. Æваст донæй иу лыстæг даргъ кæсаг йæхи хæрдмæ сæппæрста, ацахста цъиуы æмæ фæстæмæ йæ бынаты скуыси. Æнæфыдбылызæй куы аирвæзин, зæгъгæ, лæппу йæ «бæлæгъ» тагъддæр фесхуыста. Фурды фаллаг кæрон рахызт æгæрон лæгъз быдыртæм, ас- тымтæм. Дæрддзæфæй йæм æрбазындис рæсугъд бæстыхæйттæ. Ам ис фæндæгтæ дæр. Мæнæ йæ размæ æнæнхъæлæджы фæцис адæймаг. Æвæццæгæн, Марсы цæрджытæй у. Йæ сыгъзæрин дзык- кутæ йæ фæсонтыл æрзæбул сты. Цæудзæнис ыл 20 азы бæрц. Дзуры Гæззимæ. Лæппу æнцад лæууы. Марсы цæрæг къухæй йе ’взагмæ амоны, ома, амæ исты сдзур, зæгъгæ. Гæззи загъта: «Æз дын дæ ныхæстæ не ’мбарын æмæ цы зæгъон». Марсы цæрæгæн йæ цæсгом фæрухс и, стæй къæзгæ-къæзгæ сдзырдта: «Нур... нуртæкки дин-дун до-до-до ’взаг æргъуд кæндзин...» Æмæ чы- сыл фæстæдæр сыгъдæг иронау фæрсы: — Кæцæй æрæфтыдтæ ардæм? — Зæххæй. Æртахтæн къуту-ракетæйыл. — Уæдæ ды — мæ уазæг, æз — дæ фысым... О, уæ Зæхх уын мах хорз зонæм. Мæ фыдыфыд æм цалдæр мин азы размæ атахт... — Уанцон нæу! — Дæумæ гæсгæ, уый раджы уыд? Нæ! Мах цæрæм æнусты дæргъы, — дзуры фысым. — Мæнæн мæхиуыл цæуы фондз мин азы. Мах сарæзтам ахæм хостæ: зæронд дæр, стæй мæлгæ дæр куыд нæ кæнæм... — Æмæ дæ фыдыфыд кæм и ныр? — Нал ис... Уæд ахæм хостæ нæма зыдтам. Гæззи дисы бацыди. Марсы цæрæг та загъта: — Цом, æмæ мын мæ бæстыхæйттæ фен. Бацыдысты диссаджы цæхæрадæттыл. — Æз мæхæдæг горæты цæрын. Ардæм мæнæ мæ лаборатори- тæм æруадтæн, — фысым амоны ныллæг хæдзæрттæм. Бахызтысты рæсугъд арæзт уатмæ. Йæ цыппар къулыл — цып- пар тымбыл айдæны. Марсы цæрæг лæппуйы бандоныл æрбадын кодта. — Кæс-ма, æз дын уæ Зæхх фенын кæнон, — фысым æрлæууыд стырдæр айдæны раз, йæ винтытæй йын иуы фездыхта. Айдæн эк- раны хуызæн ныррухс. Зынын дзы байдыдта сау къори. 252
— Уый дын — уæ Зæхх. Ныртæккæ йын уынæм, æхсæв кæм у, гьеуыцы фарс, — фысым винт ноджыдæр фæзылдта. — Уый та дын, бон кæм у, уыцы фарс. Кæсыс, куыд хæстæггæнгæ цæуы... Хæхтæ, денджызтæ, хъæутæ... Змисы рæгътæ. Базон-ма, цавæр бæстæ у? Цы сты уæртæ уыдон та? — Уый цыма Египету... Пирамидæтæ. Сфинкс... Фаронсæ цыма рагон историйы чиныджы цыдыстæм, — сдызæрдыг Гæззи. — Раст загътай. Æндæр ма цы уыныс? — Теуаты караван адаргъ хурсыгъд быдырты. Дыууæ бедуи- ны фæсте цæуынц, урс пæлæзтæ сæ уæлæ. — Сæ ныхас дæр сын хъусыс? — Хъусын. — Æмæ цы зæгъынц? — Мæ-гъа... се ’взаг сын нæ зонын. — Уæдæ уыдон дзурынц араббагау: тагъд, дам, оазисмæ ба- хæццæ уыдзыстæм, — дзуры фысым, стæй ма йæ ныхасмæ баф- тыдта: — Гъе, афтæ, бирæ стъалытæм, бирæ планетæтæм нæ бон акæсын у... Хæдæгай, мæ бинойнаг дæр ам куы нæ ис — æндæр стъалымæ йæ арвыстон йæ улæфт уадзынмæ. Изæры фæстæмæ æртæхдзæн. Ныртæккæ йæм акæсдзыстæм. Марсы цæрæг æндæр винт фездыхта — айдæныл абадт æнæ- зонгæ Стъалы-зæхх. Йæ дæттæ хæрдмæ фантантау цæвынц. Рæх- снæг даргъ бæлæстæ, сæ цъуппытæ ныппака сты, цыма лæдз- джытыл нымæтхудтæ æрчынди, уыйау. Сæ астæу — цад, йæ бы- лыл бады сылгоймаг, йæ къæхтæ доны ауагъта. Уый у бынтон- дæр йæ лæджы хуызæн: дзыккуйæ уа, цæсгомæй уа. Æрмæст йæ сæрыл ис къæлæтхуд, æрттиваг дуртæй фæлыст. Фысым йæ дзыппæй систа чысыл радиоприемник, фелхъывта йын йæ цæппузыр. Уыцы минут сылгоймаг дæр сумкæйæ фелвæ- ста ахæм приемник. Райдыдтой ныхас кæнын сæхи ’взагыл... Марсы цæрæг Гæззийы ’рдæм фæзылд: — Загътон ын: Зæххæй, нæм, зæгъын, уазæг ис, æмæ тагъд- дæр рацу. Хорз, ме ’мбæлттæ, дам, дарддæр æндæр стъалымæ атахтысты, æмæ кæд æгæр нæ бафæстиат уой, уæд... Гæззи иуцасдæр рæстæг фырдисæй ницыуал дзырдта. Æрæ- джиау бафарста: — Цымæ уыцы Стьалы-зæххыл цæрджытæ дæр ис? — Гъай-гъай! Æрмæст цавæртæ, уый зоныс? Кæс-ма, кæс! Айдæныл разынд цæрæгойтæ... сæ сæртыл — фистæй гоппытæ, цыма худтæ сты. Лæууынц сæ цыппæртыл æмæ, кæрдæгыл хиз- гæйæ, сæхирдыгонау ныхас кæнынц. — Уæдæ-ма кæс æндæр Сгьалы-зæхмæ! — сдзырдта Марсы цæрæг, æмæ винт дыууæ хатты фæкъæпп кодта. Айдæныл абадт бынтон æндæр бæстæ. Йæ сæрмæ, уæлдæфы, арвырдынтæ хъа- зынц. Рæсугъд мæргътæ, адæймаджы æнгæстæ, зилдух систой. Абадынц бæлæсты цæнгтыл. Ног Стъалы-зæхх та. Уæйгуыты хуызæн ставд-зæнг, ставд- 253
къух адæм. Цыбыр бæрзæйджынтæ. Сæ буар — хъисæй æмбæрзт... Хох-дуртæ се ’ккæйтты кæдæмдæр хæссынц. Винт та фæзылдта Марсы цæрæг. Айдæныл фегуырд æнахуыр ног дуне. Йæ зæхх иууылдæр — хуынчъытæ. Ралæс-балæс кæнынц егъау кæлмытæ. Къухтæ сыл, хъоппæг цæстытæ. иуæй-иутæ дзы сæ къæдзилтæй цæггæнтгæ ацаразынц æмæ сыл хæрдмæ слæууынц. Винт та фæкъæпп ласта... Бæстæ иууылдæр — дон, искуы-иу ран дзы сакъадæхтæ. Донæй сæ сæртæ сдарынц алыхуызон дондзæр- джытæ, цыдæртæ сдыгъал-дыгъул кæнынц, стæй аныгъуылынц. — Мах уæддæр Дун-дуне не ’ппæт нæ зонæм, — дзуры фы- сым. — Ис ахæм удгоймæгтæ дæр, æмæ махæй бирæ уæлдæр къæпхæныл чи лæууы. Фæлæ сæм нæ зонд æмæ нæ къух нæ хæццæ кæны. Чи зоны, уыдон мах уынынц, сæ армытъæпæнмæ кæсæгау, мах та сæ нæ зонæм. Дун-дунетæ æгæр сусæг, æгæр диссаг сты. Кæронмæ сын басгарæн нæй!.. Иу Планетæйы, иу Стъалы-зæххы цæрджыты бон æппæт сбæрæг кæнын нæу... Уатæй æддæмæ рацыдысты. Гæззи алырдæм хъахъхъæны, фæлæ Марсыл искуы-иу змæлæджы йеддæмæ йæ цæст нæ ахсы. — Адæм дзы куыд гыццыл ис? — фæрсы уазæг. — Амы цæрджытæй æдде бирæ ис: чи дард рæттæм балцы афтыд, чи та цардагур ног бæстæтæм йæхи айста... Ам хъыг кæ- нын байдыдтой... Уазæг æмæ фысым фæцæуынц æндæр цæхæрадоныл. Уым бæлæсты ’хсæн лæууы цалдæр сарагонды. Уыдон дæр сты лабо- раторитæ. — Айфыццаг иу цæрæгой æрхъуыды кодтон, сарæзтон æй алы æрмæг æмæ буаргъæдтæй, бауагътон дзы аразгæ туг, — Марсы цæрæг Гæззийы уæхскыл йæ къух æрæвæрдта. — Цом-ма, кæд- дæра цы баци. Лабораторимæ бацыдысты. Марсы цæрæг скъаппы дуар фе- гом кодта — тæрхæгыл базмæлыд цыдæр... дзагъыр цæстытæ йын... Уый нæдæр гæдыйы хуызæн уыд, нæдæр — уыджы. Йæ базыртæ бацагъта, суасыд. — Æнхъæлдæн, фæрæстмæ! Æхсæв иу æвзæр хъæндилтæ ра- тæхынц, се смаг — емынæ... Кæд сæ ныр ацы «ноггуырд» ныц- цæгъдид. Æхсæв уындзæн, бон та — нæ. — Æмæ уыйфæстæ цы фæуыдзæн? — Иу афæдзмæ амæлдзæн. Лæппу сагъæсы бацыди. — Ныр афтæ саразæн дæр ис, цæргæ куыд баззайа? — Цæуылнæ. Æз иу рæсугъд булæмæргъы мыггаг рауагътон, — цот скъæрынц, æмæ ныббирæ сты. Сæ зардмæ сын хъусынæй нæ бафсæдис. Гæззи та фæрсы: — Цымæ адæймаг сфæлдисæн дæр ис? — Иу къæмы хуызæн! Æрмæст æдылыгомау фæуайы. Сæры магъз аразыны дæсныйад нæ къухы не ’фты. 254
Марсы цæрæг æмæ Гæззи ацыдысты цæхæрадоны æддаг кæ- ронмæ. Уым, цады былгæрон, лæууы хъаз, мидбынаты йæ къæх- тæй ракафы, змис размæнты. Уæртæ уасæг дæр, — уый та доны ленк кæны. Марсы цæрæг сæм фæсидт, æмæ йæ разы æрбамидæг сты. Хъазыл уыд уасæджы къæхтæ, уасæгыл та — хъазы. — Адонæн операци скодтон... сæ къæхтæ сын баивтон. Гъе, ахæм фæлварæнтæ дæр нæм вæййы. Иу цæрæгойы раздахæм иннæ цæрæгойы царды уагмæ, — зæгъæм, гæккуырийыл цъиуы базыртæ басадзæн ис, тæхын куыд райдайа. Фидæнмæ мæнæ ацы уасæг кæндзæн хъазы уаст, хъаз та — уасæджы. Гæззи сæм лæмбынæг ныккаст. — Цымæ цæрæгойтæн сæ сæртæ дæр баивæн ис? — Куыннæ! Афтæ дæр бакодтон. Уыдон ме ’ннæ лаборато- рийы сты. Мæнæ дæ горæтмæ куы аласон, уæд сæ фендзынæ. Æз дын равдисдзынæн зоопаркты, Марсыл цыдæриддæр цæрæ- гойтæ цардис, рагон замантæй абоны онг, уыдон се ’ппæт дæр. — Æмæ сæ кæд фендзынæн? — Ацы изæр. Нæ бæлццон æмæ фысым цады былтыл æрзылдысты. Лæппу та цæмæйдæр бафæрсынмæ хъавыд, фæлæ йæ ферох. Стыхст йæхинымæры. Уый Марсы цæрæг уайтагъд бамбæрста æмæ йын афтæ зæгъы: — Мах бон у адæймаджы хъуыдытæ æмæ фæндтæ æнæдзур- гæйæ бамбарын. Ныртæккæ цæуыл хъуыды кодтай, стæй цæмæй бафæрсинаг уыдтæ, уый дын зæгъон? — Зæгъ! — Мах дæр, ома, Марсы адæм — спутниктæ ауагътам æви нæ? — Æцæгæйдæр! — Гæззи йæ къухтæ кæрæдзийыл æрцавта. — Хъус, уæдæ. Мах тынг раджы ауагътам спутниктæ. Ноджы егьæутгæ. Цавæртæ, уый зоныс — сæ уæлæ цæрæгойтæ, зайæгойтæ, цæугæдæтгæ дæр ис! Горæты сæм телескопæй ахсæв акæсдзыстæм... Цады был бандоныл æрбадтысты. Изæр кæнын байдыдта. Хур йæ ныгуылæнмæ фæкъул. Цады хуылфæй мигътæ хъулон-мулон дарынц... Гæззи йе ’ргом фысымырдæм фездæхта: — Зæгъ-ма, ныр иронау дзурын куыд базыдтай? — Кæцыфæнды æвзаг дæр уæд, — æхсæз дзырды бæрц мын дзы зæгъ — уайтагъддæр æй æрхъуыды кæндзынæн. Иуцасдæр рæстæг æнæдзургæйæ абадтысты, стæй Марсы цæ- рæг йæ дзыппæй иу æрттиваг дæргьæццон дзаума систа. Йæ фæйнæ кæроны — авгæй цæстыты хуызæн. — Цы у, цы, биноклтæ не сты? — Нагъ. Æрæджы кæй сарæзтон, ахæм аппарат — фынæвди- сæг... Фынæй адæймаджы цæсгоммæ йын йæ иу кæрон сараз, уæд иннæ кæрон та къулыл экраны хуызæн æвдисдзæн, фыны цыдæриддæр уына, уыдон... Æндæрæхсæв æй æрдæбоны хъазмæ сарæзтон: йæ фыны уасæгимæ схыл и. Æвæццæгæн дзы йæ къæхтæ иста, доны ма цæмæй ленк кæнон, загъгæ. 255
Уыцы ныхæстæм лæппуйы чыр-чыр ссыд: — Уагæры ма йын йæ цъæхснаг хъæлæс куы айса!.. — Æнхъæлдæн, дæ зæрдæмæ фæцыди, — бахудги фысым дæр. — Æз ма дæм ноджыдæр иу ахæм дзаума равдисдзынæн. Цом-ма фæстæмæ лабораторимæ. ...Лабораторийы стьолтæй иуыл — микроскоп, йæ фарсмæ та ма æндæр цавæрдæр аппарат. Марсы цæрæг къуымæй систа иу балон, йæ мидæг — лакъон дон. Иу æртах дзы æртагъта микроско- пы авгыл. Винт ныздыхта. Фыццаг йæхæдæг, стæй та Гæззийы ныккæсын кодта. Гæззийæн йæ разы стыр цъымара фестад, алы бактерийæ, алы уыгьырныйæ байдзаг. Чи дзы къорийы ’нгæс у, чи — хæтæлы, чи — цæфхады. Мæнæ иуæн йæ дзых комæвгæнæ- ны пакайау, — йæхи æрбаскъæрдта æмæ къорийы хуызæттæй иуы аныхъуырдта. Уалынмæ йæхæдæг æндæры хъуыры аирвæзти. — Исты уыныс? — Уынын, уынын! Марсы цæрæг Гæззийы хъусыл трубкæ авæрдта. — Исты хъусыс? — Хъусын!.. Сæ хъыс-хъыс, се ’рдиаг цæуы. Цæхæрадонмæ рацыдысты æмæ бандоныл æрбадтысты. Мар- сы цæрæг йæ дзыппæй дыууæ урс гагайы систа, иуы дзы йæ дзыхы баппæрста, иннæйы та радта Гæззийæн. — Ацы гага куы аныхъуырай, уæд æнæхъæн мæй стонг циу, уый дæ цæсты кæронæй дæр нал фендзынæ. — Уый та куыд?.. Æнæ хæргæйæ цæрут? Хæрд у, цæмæй æххормаг ма уай æмæ кусын дæ бон уа, уый тыххæй, — дзуры фысым. — Дæумæ гæсгæ, адæймаг мæйы дæргъы хъуамæ бахæра 90 хатты. Уал хатты ахсæн хъæуы æвдæлон кæныи, ууыл та цас рæстæг сæфы! Иу ныхасæй, æнтыды боцкъа... Гæззи уыцы гага нæ аныхъуырдта: йæ дзыппы йæ нывæрдта. Ничиуал-сæ ницы дзырдта. «Кæд ын мæ ныхас фæхъыг и», — хъуыдыты бацыд Марсы цæрæг, уазæджы уæхскыл йæ къух æр- уагъта, хъазæгау зæгьы: — Цæй, æнтыды кой мæ дзыхæй кæй схауд, уый тыххæй ма фæтæргай у... Фæлæ-ма зæгъ, ам цас фæуыдзынæ? — Мæ-гъа... — сдзырдта уазæг, стæй аджих. — Акса, мæ къу- ту-ракетæ мын исчи куы адава!.. — «Адава» та цы хоныс? — Ау, нæ йæ зоныс? — Зонгæ цæуылнæ, фæлæ дæ барæй фæрсын. Мах зонды, мах туджы иуæй-иу рагон хъуыддæгтæ æмæ митæ нал сты. Зæгъæм: давын, сайын, козбаудзинад, искæуыл цьыфкалæн æмæ æндæртæ... Бандонæй сыстадысты æмæ дарддæр фæцæуынц. Дымгæ бæ- лæсты сабыргай æнкъуысы. Цадмæ хауынц иугай сыфтæртæ. — Афтæ куы загътай, Зæхмæ кæддæр атахтыстæм. Уæдæ йæм ныр куыд никуыуал фæзындыстут? — Цы цæрджытæ йыл ис, уыдон се ’гасдæр иу рæствæндагыл, 256
иу зондыл куы ’рлæууой, уæд сыл æмбæлдзыстæм. Истытæ дæр сын бацамондзыстæм. Ныр та... Сæ ныхас нæма фæцис, афтæ сæ сæрты æрбасыффытт ласта уæлдæфон нау æмæ йæхи бынмæ æруагъта. — Кæсыс, не ’фсин æндæр бæстæй æрхæццæ.'..- — Цымæ цал сахаты фæци фæндагыл? — Сахатырдæг. Гæззи ныддис кодта: — Гæрр, не скъолайы нын афтæ куы дзырдтой, стъалытæ, дам, уыйбæрц дæрддзæф сты, æмæ, дам, сæм тæхын бахъæуид бирæ-бирæ милуангай азтæ. — Раст уын амыдтой. Фæлæ махмæ ис ахæм наутæ... рухсæй уайагдæр ницы ис, æмæ уыйау тагьд чи уайы. Тæхгæ дæр кæ- нынц рухсы фæрцы, рухсы хъаруйæ. ...Гæззи, Марсы цæрæг æмæ йæ ус машинæйы сбадтысты. Машинæ уыди хъуылæджы хуызæн дæргъæлвæс, æрмæст разæй йæ бырынкъ цыргъ. Марсы цæрæг фæсабыр, цæуылдæр аджих. Машинæйæ фæстæмæ рахызт, уазæг дæр йæ фæдыл базмæлыд. Иуцасдæр ауадысты. Стæй фысым бæрзонд къардиуы тигъыл æрлæууыд, йæ къухæй ацамыдта: .■•...• — Ныккæс-ма, бынæй цы уыныс? — Комы йас дзыхъхъ, æндæр ницы. — Уæдæ мæнæ ацы къардиу дæр, дæлæ уыцы ком дæр цæмæй равзæрдысты, уый дын зæгъон: мин азы размæ ардæм æрхауд космикон нау... Кæцæйдæр, æндæр дунейæ нæм æртахтысты, фæлæ фесæфтысты. Басыгъдысты... Сæ науæй ма сын цыдæр схъистæ ссардтам æмæ сæ горæты музейы нывæрдтам. Фæстæмæ раздæхтысты. Марсы цæрæг йæ къæхты бынæй иу дур систа. — Мæнæ ацы дуры фæрцы цæудзыстæм. — Дуры фæрцы та куыдæй цæуæн ис? — фæрсы Гæззи. — Куыдæй куы зæгъай, уæд нæм ис ахæм мотортæ, æмæ дзы æвæрын фæхъæуы исты дур, — цавæрфæнды дæр уæд. Дурты атомты энерги моторы хуылфы фæхицæн вæййы, гъе, афтæмæй машинæтæ уымæй уайынц, чи та дзы тæхгæ дæр кæны. Сбадгысты та сæ бынæтгы. Нæ бæлццоны зæрдæ фырæхсызго- нæй срысти. Ныртæккæ мотор скусдзæн! Бахæццæ уыдзысты горæтмæ. Æцæг диссæгтæ дзы фендзæн, æнахуыр ног диссæгтæ!.. Фæлæ... — Хъи-хъра-хъу-у-у! Ноджыдæр та: — Хъи-хъра-хъу-у-у! Гæззи фехъал. Йæхимæ æркаст, æмæ хуыссы кæсагахсæн зæ- ронд къутуйы, сæ кæркдоны сæр. Ралæст æддæмæ. Къутуйы цур лæууыд сæ гомхъуыр уасæг. Йæхи та ногæй ныууасынмæ куыд фенхъырдтæ кодта, афтæ йыл Гæззи трубайы саст ныццавта. — Гъы, мæнæ хæдмæлхор! 17 Ирон Л1гтерлтурæ сывæллæттæн 257
Уасæг хъæргæнгæ, зæхмæ æргæпп ласта. Гуыбыр-гуыбыр аз- гъордта. Йæ базыр зæххыл хафгæйæ, карчы алыварс æрзылд, стæй та ныууасыд, цыма лæппуйы мæстæй мардта, уыйау. Хур дзæвгар суад арвыл. Хæхтæй сæууон сатæг дымгæ нал дымы. Сæнтæф. Гæззи æрæхснырста. Зæхмæ ’рхызт. Йæ мад хыссæ къухтимæ хæдзарæй рауад. Йæ лæппуйы куы ауыдта, уæд æм дзуры: — Цы фæдæ цы, абонсарæй дæумæ куы хъæр кæнын. Хъазты доны былмæ аскъæр, нæ хъусыс? Хъазтæ кæрты къуымы, кулдуары раз, дзыгуырæй зæххыл хуыссыдысты, сæ хъус дардтой уынгмæ. Гæззи сæ уайтагъд фед- де кодта. Йæ уды быцъынæг скъуыдта: тагъддæр йе ’мбæлтты куы фенид, йæ алæмæты фын искæмæн куы радзурид! Фæлæ та уасæг йæ зæрдыл æрбалæууыд: «Хъæрццыгъа йæ ныттона, истытæ ма кæд федтаин, уæддæр мæ нал бауагъта». Доны был, йæ къухтæ йæ нывæрзæны, афтæмæй цъæх нæу- уыл уæлгоммæ æрхуыссыди. Бæрзонд арвыл, денджызон науты хуызæн, фæцæйцыдысты урс æврæгътæ. Сæ бынты цæлхзылд кодта сау цæргæс. Йæхи бæрзондæй-бæрзонддæр исгæ цыдис. Уалынмæ æврæгътæй фæуæле æмæ нал разынди... Гæззийы йæ сæнттæ уæлвонг фæхастой. «Цымæ Зæххæй искæд исчи уæлæмæ атæхдзæни? Нæ космонавттæ дæр нырма æндæр планетæтæм нæма фæхæццæ сты... Фæлæ уæддæр фыццаг фæд уыдон акодтой... Ехх, æмæ, æрмæст фыны нал, фæлæ Мæймæ кæнæ Марсмæ æцæ- гæй куы афтин!.. Цы диссаг уаид!» — хъуыды кæны Гæззи. Æмæ цы бæрæг ис? Чи зоны, йæ бæллиц сæххæст уа! СЕЧЬЫНАТЫ ЛАДЕМЫР (1921-1985) & Сечъынаты Дзæрæхы фырт Ладемыр райгуырд 1921 азы 20 апрелы Алагиры. 1939 азы æнтыстджынæй каст фæци Ала- гиры астæуккаг скъола. Службæ кодта Со- ветон æфсады. 1945 азы Фæсбайкалы фрон- ты уæвгæйæ Ладемыр хъæбатырæй хæцыд япойнаг лæбурджыты ныхмæ. Фæстæдæр ахуыр кæнынмæ бацыд Мæскуыйы юриди- кон институтмæ, фæлæ кæй фæрынчын, уымæ гæсгæ йæ ныууадзын бахъуыд йæ ахуыр. 1963—1965 азты ахуыр кодта Мæскуыйы литературон институты Уæлдæр курсы- ты. Куыста алыхуызон æхсæнадон бынæтты, уыимæ — газет «Рæстдзинад» æмæ журнал «Мах дуджы» редакциты. 258
Ладемыр цы сфæлдыстадон бынтæ ныууагъта, уыдонæй нæ прозæйы уæлдай зынгæдæр бынат ахсынц йæ чингуытæ: «Уæл- ладжыраг хабæрттæ», «Уарзеты амонд», «Тымыгъты райгуырдис ногæй» æмæ æнд. Фыссæгæн йе ’ппæт уацмыстæ дæр ист сты цардæй, ирд æмæ сæ бæлвырдæй æвдыст цæуы адæймаджы ми- дæнкъарæнтæ, йæ сагъæстæ, йæ зæрдæйы цы алыхуызон бæл- лицтæ, фæндтæ æвзæры, уыдон. Йæ алы радзырд æмæ уацау дæр фыст у хъæздыг æмæ нуарджын æвзагæй. Тынг арæхстджы- нæй пайда кодта ирон адæмы хъæздыг юмор æмæ цыргъзонд ны- хæстæй. Сабийæн аивады æвзагæй дзурын тынг зын у, курдиат ын хъæуы. Ахæм курдиатæй хайджын уыд Сечъынаты Ладемыр. Уымæн ын афтæ æхсызгонæй айстой сæ зæрдæтæм йæ чингуытæ «Домбай æмæ Хъилхъус» (1963), «Мæлдзыг æмæ хъæндил» (1964), «Бæтæйы кæсæнцæстытæ» (1966), «Дзыццайы лæппу» (1972), «Мадзура лæппу» (1968). НÆНÆЙ, НÆНÆЙ!.. Фаризæтæн йæ дæндæгтæ риссаг сты. Сæ ласынæй йæ бон нал у. Ныр дæр та дзы кæцыдæр фæхуынкъ ис, æмæ йæ галиу рус барæсыд. Сæры магъз риуыгъы йæ рыст, æмæ зæронд усмæ кæсын дæр никæмæ цæуы. Фæлæ æрдæбон стыр уынгты дзул куы æрцæйхаста, уæд дзы йæ дæндаджы рыст дæр æрбайрох. Æрлæууыдис æмæ джихæй баззад. Цалынмæ, уынгæн йæ иу фар- сæй иннæмæ кастис, уæдмæ йæ Душæ дæр дзулы гуыдынимæ æрæййæфта. Ныхæй-ныхмæ цæрынц, æмæ Душæ æнæ афæрсгæ нæ фæцис йæ сыхаджы: — Дæ хуыцауы тыххæй, уыцы цымыдисæй кæмæ кæсыс? Дæ дæндаг дæр ма куы нæ риссид... Фаризæт Душæйы ’рдæм разылдис æмæ йе ’фсымæрæй ныс- сомы кодта: — Цирк федтон, Аслæнбеджыстæн!.. — Уагæры цы уыдис? — алырдæмты акастис Душæ. — Уæртæ уыцы æнæнтыст чи у, — иу-æртындæс азы кæуыл цæуы, ахæм лæппумæ къухæй амоны Фаризæт, — уый кæйфæн- ды хæдзарæй рацæуæд — худинаг сын фæуæд. — Хъæрæсы фырт... Дæ зæрдæ йыл фæхудт? — афарста та Душæ. Фаризæт исдуг фæхъус, стæй дын райдыдта: — Хъæрæсы фырт нæ, фæлæ бавдæл, 6а, æмæ йын йæ дыууæ хъусы сæ тæккæ бындзарæй стон!.. Кæс, кæстæр хæрзæгъдау куы нæ уа, уæд уый цавæр кæстæр у?.. Сæлдæг сдæргæ сцæйцыдис, уый мæхи дыууæ цæстæй федтон. Куы йын фæцис, йæ ласæггаг дзы аих уа, уæд ын йæ гæххæтт, афтечы раз адæмы къæхты бынмæ аппæрста. Афтæмæй дзы уæртæ бырæттæ æппарæнтæ æвæрд ис. Нæ, мæ хур, дыууæ къахдзæфы йæ цæмæн ахæсса!.. Милицæйы цы Дзатте кусы, уый та дын афтæтæ уарзы. Йæ хæд фæстæ цыд 259
фæцис. Баурæдта йæ. Милицæйы кусæгæн куыд æмбæлы, ахæм æгъдауыл хæст у æмæ йын честь радта, стæй афтæ: «Лæппу, дæлæ уыцы гæххæгг ды аппæрстай... Гъеныр та йæ исгæ скæн, йæ 6ы- нат бырæттæдоны ис, æмæ йæ уым ныппар. Хорз не сты ахæм митæ... Алчи дæр нæ алы алцытæ куы æппара, уæд цы хуызæн уыдзысты нæ уынгтæ?» Æмæ йæм байхъуыста? Бауисæн кодта? Куыннæ! Ахæм æвза- гæй фæкъæргг ис, æмæ йæм мæ дзых хæлиуæй баззадис. Цытæ, дам мыл мысыс? Кæд, дам, мæ чи федта. Иу æвдисæн ма мын æрбахон мæ размæ... Хъусыс æм? Зæххæй уæлæмæ нæма зыны, афтæмæй цытæ зоны!.. Йæ Хъæрæс фыд дæр хуыздæр нæу, æвæц- цæгæн. Уымæн йæ хæдзары «ма кæн» зæгъæг куы уаид, уæд аххос- джын уæвгæйæ йæ хистæрмæ фæстæмæ нæ дзурид. Дзагге, мæ- гуыр, бирæ фæкастис лæппумæ, стæй йæхæдæг систа гæххæтт æмæ йæ бырæттæдоны ныппæрста. «Цу, цу ныр, мæ хур»... — Æрмæст- дæр гъеуый загъта æмæ та йын честь авæрдта. Ома, кæд йæхæдæг йæхиуыл æрхудид... Нæнæй, нæнæй!.. Худинаг ын фæуæд... Цом, мæ дæндаджы рыстыл ма мын зæрдæниз бафтыдта, æнæнтыст... Душæ дæр йæ сæр батылдта æмæ фæраст и. ТРАМВАЙЫ Борик æмæ Алик иу уæладзыджы цæрынц. Сæ фатерты дуæрт- тæ дæр ныхæй-ныхмæ сты. Борикыл иуæндæс азы маргьийы сæх- хæст, Аликыл та — майы. Сæ иу — тыппыртæ, иннæ та — къæсхуыртæ. Аликмæ йæ мад райсомæй афтæ сдзуры: «Фестадтæ, мæ гæлæ- бу? Дæхи ахс, æз дын хæринаг авæрон... æмæ сæпп скъоламæ...» Борик та уыцы рæстæджы йæ хуыссæнмæ æндæр ныхæстæ айхъусы: «Уæлæмæ сыст, æвзæр боны гуырд, ахуырмæ дын бай- рæджы уыдзæнис!» Алик сæм бауайаг у, æмæ уыцы ныхæстæ уый дæр фехъуыс- та. Фехъуыста, фæлæ сæ никуы афæзмыдта. Цæмæн сæ афæзма, исты къæбæда у? Куы скъæбæда уа, уæд ма дзыццайæн «гæлæ- бу» кæм уыдзæнис?.. Фæлæ знон йæхи нал баурæдта. Уымæн æмæ йæм смæсты ис. Борик бавдæлдис æмæ, трамвайы сæ чингуы- ты хызынтимæ куы бахызтысты, уæд кассæйы æхца нæ ныппæр- ста, афтæмæй билет раскъуыдта. — Худинаг у, Борик, ныппар æхца... Уæхимæ дын куы рад- той, — ныллæг хъæлæсæй йæм дзуры Алик. — С-с... — нæл хъаз йæ цъиутæн куыд фæтæрса, уый хæлиу фæкодта йæ былтæ. Алырдæмты акаст æмæ, æппæты разæй цы уæгъд бынат уыдис, уым йæхи æруагъта. Бадгæ дæр иннæ адæмы хуызæн нæ, фæлæ цæхгæрмæ. Алик æм мæсты кодта, фæлæ йæм уæддæр йæхи байста. Иу æрлæууæны трамваймæ удамæлттæй зæронд лæг бахызт. Йæ астæу æндыснæгæй къæдзтæ, сæрыхъуын миты хуызæн, йæ 260
къухы æнцайæн лæдзæг. Хæмпæл æрфгуыты бынæй йæ цæст аха- ста æмæ йе ’нгас Борикыл фенцад. Борик йæхи иннæрдæм кæсæг скодта. Алик æй басхуыста, ома сыст уæлæмæ, дæ уæлхъус дада лæууы. Уый йын йæ къух ариуыгъта æмæ афтæ: — С-с!.. Ницы дæ хъуыддаг ис!.. Зæронд лæг æм æдзынæгæй бирæ фæкаст, арф ныуулæфыд, йæ сæр батылдта ’мæ ныккæрзыдта: «М-гъы!..» Раст уыцы минут Алик дæр фæкъæртт ис: — Уæлæмæ сыст, æвзæр боны гуырд! —■ хъæрæй сдзырдта. Борик цыма бандоныл сасмæй ныхæст уыд, уыйау тыххæй сраст. — Уадз æй, уадз, лæппу... Кæд æвзæр боны райгуырдис, уæд дзы цы агурыс?.. Мæ карæнмæ йæ хъæуы уый дæр, — загъта зæронд лæг. , ; Лæппутæ трамвайæ иумæ рахызтысты, фæлæ Алик Борикæй йæхи фæхицæн кодта. «Худинаггæнæг,..» — дзырдта хинымæр. ХЪÆДХОЙ ÆМÆ БУЛÆМÆРГЪ Уыгæрдæны астæу бæрзонд фæцыдис хъæддаг кæрдо бæлас. Цъæх-цъæхид сыфтæртæ йын, бæзджын хихтæ, ставд цæнгтæ, фидар зæнг. Гъе æрмæст æй кæддæр арв æрцавта, æмæ йæ иу цонг бахус. Уымæй дæр — цæнгтæн сæ егъаудæр. Ныссаутæ, ныб- буртæ ис йæ цъар. Рæмпæг æй ныххуынчъытæ кодта, хæры æмæ йæ хæры. Ноджы ма йæм хъæдхой æртæхы æмæ йæ уый та йæ бырынкъæй райдайы хойын. Знон дæр та йыл йæ дзæмбытæ фæсагъта æмæ алырдæмты йæ цæст ахаста. Кæсы, æмæ дын уæлæ бæласы хус цонгæн йæ тæккæ цъуппыл булæмæргъ бады æмæ рæсугъд зарджытæ кæны. Хъæдхой йæ цæстытæ сзылдта æмæ йæм хæрдмæ дзуры: — Ахъуытты у уырдыгæй, стæй дæ дзых ныххæлиу кæн! Уасын дæр ма куы зонид!.. Булæмæргъ æм бынмæ æркаст, йæ зарын фæуагъта. — Цы кæныс? — афарста хъæдхойы. — Цы дæ хъыгдарын? — Уæддæр ма фæстæмæ дзурыс?! Нæ уыныс, аходæн кæнын, уый? Де ’взæр хъæрæй рæмпæджы зулчъытæ ралæсын нæ уæн- дынц!.. Дæлæ зæхмæ æруадз дæхи æмæ уым ниу, цас дæ фæнды, уыйбæрц!.. Хорз куы зоныс, бырынкъæй куыд фидар дæн, уый... Дæ сæр дын фæхойдзынæн! Булæмæргъ хорз цъиуы мыггаг у, — алчи дæр æй зоны. Хъæдхоймæ фæстæмæ ницы сдзырдта, фæлæ хинымæр афтæ: «Фæлæуу-ма, мæныл чи худы, уый йæхæдæг та цас дæсны у уагæры? Алы бон йæ сæры магъз кæмæй змæлын кæны, уыцы бырынкъæй куыд арæхсы?..» Бæласы бынмæ æртахтис æмæ хъæдхоймæ йæ цæст дары. Уый уæле къупп ласы, хойы, къахы. Фæхойы, фæхойы, æмæ та зулкъ æндæр хуынкъæй зæхмæ æрхауы: Булæмæргъ худæгæй бакъæ- цæл вæййы. 261
— Мæныл фаутæ куы æвæрдтай æмæ дæхæдæг æцæг æна- рæхст куы дæ?! — ныр та йæм уый дзуры хæрдмæ. Хъæдхой мæсты дзагъултæ æркодта æмæ та — къупп, къупп... — Æ, мæгуыр дæ бон, цæрæнбонты дæ сæр фæхой æмæ мацæ- уыл сахуыр у!.. Булæмæргъ атахтис æмæ ноджы дæсныдæрæй ныззарыдис æндæр бæласы цъуппæй. Хъæдхой бæласы цонгæй уæддæр йæ дзæмбытæ не суæгъд кодта æмæ къупп ласта. Æвæццæгæн, йæ сæры магъз хорз нæ куыста. АБЕККА Немыцаг фашисттимæ хæст йæ тæккæ тынгыл куы уыд, уæд Абеккайыл дæс азы цыд. Сæ хъæу хæхтæн сæ тæккæ бынмæ ис. Немыцы æрбабырсты размæ адæмæн рагацау загъд уыдис, æмæ хæхбæстæм фæлыгъдысты. Абеккайæн йæ фыд, йæ мад дæр уыцы лидзæг адæмимæ сæхи айстой. Йæхæдæг кæмдæр бамбæхст æмæ сæ хæдзары баззад. Баба цæуынвæнд нæ кæны, уый куы бам- бæрста, уæд уый дæр йæ къах нæ ахаста хæдзарæй. Баба, дам, кæд ам баззад, уæд æз дæр нæ цæуын æнæ уый. О, фæлæ йæ кæд æргомæй никуы никæмæн срæдыд, уæддæр æй тынг фæнды- дис, хæст йæхи дыууæ цæстæй куы федтаид, уый. Хæйрæг йæ зонæг, цæмæн, фæлæ афтæ æнхъæлдта, æмæ сыхы лæппутимæ куыд хъазыд «хæстæй», æцæгæй дæр афтæтæ вæййы. Абекка сæ бинонтимæ хохмæ нæ ацыд, уый Баба куы бамбæр- ста, уæд загъд-замана систа, йæ хъуыр-хъуырæй нал æнцад. — Дæ фыдыфыдæн ницæмæй тæссаг у, — дзырдта зæронд лæг. — Мæнæн, мæ хур акæнай, мæ царды бонтæ фесты. Мæнæ мæ ацы куыйтæ аныхъуырой, ма аныхъуырой, уæддæр мын дæ- лæмæ цæугæ у... мæлгæ... Фæлæ ды та ам цы хъахъхъæнæг баз- задтæ? Гъы, егъаудæр лæппу куы уаис, уæд, чи зоны, нæхионтæн истæмæй феххуыс уаис... Фæлæ дæ уыцы цахъхъæнæй цы пайда ис? Знæгтæй иу дæр йæ цæст не ’рныкъулдзæн, афтæмæй дæ акъæрцц ласдзысты. Никæмæн, дам, хатыркæнынццьаммайрæгтæ... Бабайæн йе ’фхæрæнтæ фесты æмæ куыдфæстæмæ æрсабыр. Абеккамæ схуыстæй нал дзырдта. Фæлæ уæддæр лæппумæ йæ цæст лæмбынæг дардта, цæмæй дзæгъæл къахдзæф макуыдæм акæна, уый тыххæй. Немыц хъæумæ куы бабырстой, уыцы бонтæй тæссагдæр за- ман никуы уыд. Дунейы хæцæнгарз сæм уыд, сармадзантæ дæр, æмæ сыгътой хæдзæрттæ!.. Нæ, хуымæтæджы ныхæстæй йын зæгъæн нæй!.. Сармадзаны нæмыджы схъистæй Абеккаты хæ- дзарыл дæр сæмбæлди, фæлæ йын ницы уыд. Бæзджын къултæ чысыл фæхуынчъытæ сты, æндæр. Гъе, æрмæст рудзгуыты æвгтæ иууылдæр нызгъæлæнтæ сты. Баба зæхбын агъуысты къуымы батымбылтæ. Афтæ йæм каст, цыма ныртæккæ хæдзар ныккæлдзæн. 262
— Дæ хуыз куы фæцыд, Баба. Æвæццæгæн, тæрсгæ кæныс. Иубон та афтæ дзырдтай, мæнæн уæлдай нæу, зæгъгæ. — Бæгуыдæр дзырдтон æмæ йыл сæттын, мæ хур, фæлæ... Фæлæ-ма мæм иучысыл ацæрын дæр цæуы... Цалынмæ ацы лæг- сырдты сæфт мæ дыууæ цæстæй фенон, уæдмæ кæд иунæг кад- джын Хуыцауы фæрцы фæцæрин. — Æппындæр нын ницы уыдзæн, Баба, — фидарæй дзырдта Абекка. — Сырх Æфсад сын ахæм над æркæндзæн, æмæ ма-иу кæс, кæд фæстæмæ нæ лидзой. Мах-иу хæстæй куы хъазыдыс- тæм, уæд-иу Чечерби дæр йæхицæй æппæлыд, стæй-иу уæд кæс, æмæ йе ’мбæлттимæ лидзæг фæцис. Къорд боны фæстæ хъæу ныссабыр, искуы-иу хатт ма-иу фе- хъуыст топпы гæрах. Баба йæ уыцы хъахъхъæд кодта, уæддæр Абекка сæ хæдзары фæбадын нæ фæрæзта. Уайтагъд та-иу фæау- уон æмæ уынджы балæууыд. Цымыдисæй каст фашисттæм, сæ танктæм, сармадзантæм æмæ сæ цæфхадсагъд батинкæтæм. Не- мыцæгтæ йæ æдзухдæр сæ уæлхъус уыдтой æмæ йыл фæстагмæ гуырысхо кæнын райдыдтой. Немыцаг салдæттæ-иу сæ хъуыры цъæрттæм ацамыдтой æмæ- иу сæхирдыгонау афтæ: «шнапс». Цы дзырдтой, уымæн Абекка ницы æмбæрста æмæ та-иу йе уæхсчытыл схæцыд. Арахъ ын хæс- сын кодтой, уымæн кæцæй хæйрæг уыд. Уæд дын иуахæмы изæрырдæм сыхæгты чызг Нина Бабамæ æрбацыд, йæ уæлæ зæронд усы дарæс. Партизантимæ архайдта. Абеккайæн фадат фæцис æмæ йæ бафарста, шнапс, дам, цы у? Фашисттæ сæхи дзыхæй нозт агурынц, уый Нина куы айхъуыс- та, уæд ын хуымæтæджы æхсызгон нæ уыд. Немыц колхозы фос иу стыр кæртмæ батардтой. Кæрт, зæгъгæ, цæхæрадон. Абеккатæн сæ тæккæ хæдзары фарсмæ. — Аким, а хæдзары арахъ никуы ис? — фæрсы Нина. — Ау, куыннæ дзы разындзæн! — дзуапп радта Баба. — Цы хорз у! — бацин кодта Нина. — Абекка, ныртæккæ дзы цайданы ныккæндзыстæм æмæ йæ, уартæ фос чи хъахъхъæны, уыдонæн ахæсдзынæ. Куы сын æй раттай, уæд-иу уым лæуу æмæ хъаз истæмæйты. Дæ цæст сæм дар, æмæ куы фæрасыг уой, уæд- иу кæрты дуар фегом кæн колхозы фосæн... Йед та: нырма хъуы- мызбыл дæ æмæ фашисттæй нæ тæрсыс? — Æмæ мæм Абеккайæ дæр куынæуал дзурынц, фæлæ — Абекс... — Æрмæст, хъусыс: фашисттæ стут, зæгъгæ-иу, ма срæди... — тынг æнувыдæй бафæдзæхста Нина. Дзуапп раттыны бæсты Абеккайæн йе ’взаджы цъыкк фæцыд... Егъаугомау цайданы арахъ ис, уый фрицтæ куы бамбæрстой, уæд уыдонмæ бакæсын: фырцинæй сæ скафынмæ бирæ нал хъуыд. Армыгьæпæнтæй лæппуйы сæр æрлæгъзытæ кодтой, сæ иу чидæр та йын къафетт авæрдта. Уый дæр æй йæ дзыппы ныппæрста. Фрицтæ арахъ цъирынц. Абекка сæ алыварс гæппытæ кæны. Уыйбæрц ныцъцъырдтой, æмæ æгæстæй уыдысты, мæрдтæй, уый 263
бæрæг нал уыд. Раст цы ран нозтой, уым ныхъхъилтæ сты. Цæ- хæрадоны уымæл зæххыл хуыссынц æмæ ратул-батул кæнынц. Тæссаг сæ ницæмæйуал у, уый куы бамбæрста Абекка, уæд азгъордта, дуар фегом кодта æмæ колхозы фос уынгмæ рауагъта. Цайдан иуварс фехста æмæ сæ хæдзармæ ныббындз. Баба йæм уæдæйсарæй æнхъæлмæ каст, æмæ йын ныр фадат куы фæцис, уæд фосы тæккæ фæсвæддæр уынгты хъæдмæ аскъæрдта. Фа- шнсттæ уырдæм нæ бауæндыдысты: махонтæ сæ ныццагътаиккой. Нинæ Абеккайы йæ хъæбысы ныккодта. ЦÆГÆРАТЫГИГО (1923-1996) % Цæгæраты Никъалайы фырт Гиго райгуырд 1923 азы 15 мартъийы Алаги- ры. Ам ахуыр кодта астæуккаг скъолайы. Орджоникидзейы фистæг æфсады учи- лище каст фæуыны фæстæ æрвыст æрцыд Сталинграды фронтмæ минæхсæн рртæйы командæгæнæджы хæдивæгæй. Иæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй йын лæвæрд æрцыд орден æмæ цалдæр майданы. 1942 азы фæци уæззау цæф æмæ сыздæхт Ирыстонмæ. 1948 азæй 1953 азмæ Гиго ахуыр кодта Мæскуыйы М. Горь- кийы номыл литературон институты. Бирæ азты фæкуыста газет «Рæстдзинад»-ы æмæ Цæгат Ирыстоны радиокомитеты. Гигойы æмдзæвгæтæ мыхуыры зынын райдыдтой хæсты фæстæ республикæйы газеттæ æмæ журналты. Йæ фыццаг чи- ныг «Хæлардзинады зарджытæ» мыхуыры рацыд 1955 азы. Уый фæстæ фæзындысты йæ иннæ æмбырдгæндтæ дæр («Афтæ рай- гуырд зарæг», «Лæджы фæд», «Арфæ», «Хурзæрин» æмæ æнд.). Фыссæджы уацмыстæй цалдæр чиныджы рацыд уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй («Дыхание», «Мой край», «Хорошая го- стья», «Капли солнца»). Хицæн æмдзæвгæтæ та мыхуыры цыды- сты журналтæ «Новый мир», «Дружба народов», «Смена» æмæ «Крокодил»-ы. » Цæгæраты Гигойы сфæлдыстады сæйраг бынат ахсынц сы- вæллæттæн фыст чингуытæ: «Ичъи», 1961; «Нæ бинонтæ», 1966; «Пайа, купи облако», 1967; «Гæлæбу», 1968; «Фæндырдзæгъ- дæг», 1975; «Хъæууон зарæг», 1981 æмæ æнд. Йæ уацмысты чысыл геройтæ цæмæй царды аккаг бынат сса- рой, уый тыххæй нæ ауæрдынц сæ хъарутыл: æххуыс кæнынц Ш’^Щ’ЩуР- 264
сæ ныййарджытæн, аудынц мæргътыл, цин кæнынц дидинæгыл, зæрдæйæ æнкъарынц фæстаг сыфтæры сагъæс, заргæйæ æмбæ- лынц уалдзæгыл, худынц магусатыл, æппæлынц цырд лæппуйæ. Чиныгкæсджытæ Цæгæраты Гигойы зонынц арæхстджын тæл- мацгæнæгæй дæр. Зындгонд сты йе ’мдзæвгæтыл фыст зарджытæ КУЫ ’РБАТУХÆМ НÆ КЪУХТÆЙ ЗÆХХ... Дæ къух æмбалмæ ратт, æмæ Уыдзыстæм иумæ уæд дыууæ. Дæуимæ сын куы суæм хæлар, Уæд бауыдзыстæм мах цыппар. Ды дæр, ды дæр, ды дæр æрхæц, Æмæ уыдзыстæм уæд æссæдз. Цæмæй уæм ноджыдæр фылдæр, Æрбалæуу нæм гъе уæд ды дæр, — Уыдзæн æнгомдзинад хуыздæр, Уым алы къух дæр у хъæддых, Зæххыл хæлардзинад бæтты... Куы ’рбатухæм нæ къухтæй зæхх, Уæд ыл нæ уыдзæни фыдæх. МАДЫ ЗАРÆГ Мады мах нæ зæххон стъалы хонæм, Мадыл мах нæ хуыздæр зарæг зарæм. Мадæн мах сырх дидинджытæ тонæм, Мады мах сæуæхсидимæ барæм. Мады хуызæн ничи зоны уарзын, Бауарзта — мыггагмæ уæд, æнусмæ, Мад — хъæбатыр, мад — сæрыстыр, барджын, Уый кæсы, цæуы æрмæстдæр рухсмæ. Норст цæхæрау уымæн у йæ зæрдæ, Хатæм ахæм хъарм æрмæстдæр хурыл, Ницы дары уый æмбæхст, æвæрдæй, Баззайы йæ фарны фæд хъæбулыл. Мадæн у йæ зонд уæрæхдæр арвæй, Йе сныхас — фæндаггæрдæг, ныфсдæттæг, Къæбицтæм æдзух тадзы йæ армæй Царды сой, æнæфæугæ бæркæдтæ. 265
ЦЪИУ-ЦЪИУ-ЦЪИУ Цъиу, мæ гыццыл цъиу, мæ хæлар, Барæвдз дын кодтон дæ хæдзар. Ног нæ дыргъ бæлæстæй ракæс, Демæ зарджытæ æрбахæсс. Цъиу, мæ гыццыл цъиу, мæ хæлар, Барæвадз дын кодтон дæ хæдзар. Цад дын сарæзтон нæ кæрты, Найдзынæ дæхи уым сæрды. Цъиу, мæ гыццыл цъиу, мæ хæлар, Барæвдз дын кодтон дæ хæдзар. Не стыхсдзынæ уым æппындæр, Рауадздзынæ дзы лæппынтæ. Цъиу, мæ гыццыл цъиу, мæ хæлар, Барæвдз дын кодтон дæ хæдзар. Ноджы ма дын æз лæварæн Абон сахуыр кодтон зарæг. ХОРЗ БÆЛАС У ТÆРС Ис тæрс бæлас хъæугæрон Кæс æмæ йæм кæс. Уарзæм æй æнæкæрон, — Хорз бæлас у тæрс. Ставд уарын куы рацæуа, - Мацæмæй фæтæрс. Мах йæ быны бацæуæм, — Хорз бæлас у тæрс. Йе ставд зæнгыл не ’ххæссæм Ме ’мбал æмæ æз, Маст зæрдæ йæм не ’рхæссæм, — Хорз бæлас у тæрс. Дымгæ ратæх, радым-ма, Й’ алыварс ныммæрз. Ам сыгъдæг уа бадынмæ, — Хорз бæлас у тæрс. А-ЛО-ЛО-ТÆ, ЦЫ-ЦЫ-ТÆ А-ло-ло-тæ, цы-цы-тæ, Дæ дзæццытæ æрцъынд кæн. Дунейыл нæй дæ хуызг^н. Бумбулийæ — дæ хуыссæн, Дæ дзæццытæ — фæрдгуытау, Дæ уадултæ — фæткъуытау, Дæ дзабыртæ — сæракæй, Дæ цацатæ — зæлдагæй. Мæй дæм уæлæ куы худы, Дæумæ кæны тæхуды, Дон дæр ма дын куы зары, Фынæй кæныс — æмбары. А-ло-ло-тæ, цы-цы-тæ, Дæ дзæццытæ æрцъынд кæн. Дæ Мила дæр фæрсылæй Йæ лыстæны æрфынæй. 266
ЗÆЛУЙЫ ЧИНГУЫТÆ Сты Зæлуйы чингуытæ Алы ран пырхытæ. Хъулон-мулон, морæтæ, Бурбынтæ, сырхытæ. Уымæн чиныг бахъуаджы Зын нæ вæййы ссарын. Йе ’мхæццæ, йæ пырхытæй Уый бæрæг фæдары. Бакæсын: Джусойты Ноджы ма сыл сарæзта Кърандасæй хæххытæ. Хъулон-мулон, морæтæ, Бурбынтæ, сырхытæ. Зоны уый йæ чингуыты Морæтæй, сырхытæй... Уымæн лæууынц йе скъаппы Алыран пырхытæй. Нафи «Бимболы цæссыгтæ», «Сыгьзæрин бæх» АЙЛАРТЫ ИЗМАИЛ (1924) * Айларты Харитоны фырт Измаил рай- гуырд 1924 азы 22 августы Хуссар Ирысто- ны Дзауы районы Хъæдысæры хъæуы. 1942 азы каст фæци Кировы хъæуы астæуккаг скъола. Цæгат Ирыстоны педагогон инсти- туты историон-филологон факультет фæ- уыны фæстæ куыста ирон æвзаг æмæ лите- ратурæйы ахуыргæнæгæй. Фыссæг йе сфæлдыстадон фæндаг райдыдта рæзгæ фæлтæ- рæн фыст æмдзæвгæты æмбырдгæндтæй («Гакк-гакк, куыдзы гакк», 1965; «Фæцæйсырдтон сæрджын саг», 1969). Измаил хорз зоны сывæллæтты удыхъæд, семæ цавæр уагыл ныхас кæнын хъæуы, уый дæр хорз æнкъары. Йе ’мдзæвгæты тематикæ у уæрæх æмæ хъæздыг: æрдзы рæсугъддзинад, фæллой, рæзгæ фæлтæр æмæ цæрæгойты цард. Йæ уацмыстæ сывæллæггы зæрдæйы æвзæ- рын кæнынц рæсугъд æнкъарæнтæ æмæ бæллицтæ. Йе ’рдзон уагыл фыст рæнхъыты йын æнцонæй бадарынц сæ зæрдыл. Адæмон сфæлдыстады поэтикон гæнæнтæй пайда кæнгæйæ йе ’мдзæвгæты æмбырдгонд «Раджы бадæг — æвæсмон»-ы æвдисы сабиты царды пайда æмæ зианхæссæг фæзындтæ, адæймаджы фæзминаг æмæ фауинаг миниуджытæ. Хорз ахъаз у рæзгæ фæл- тæры царды раст фæндагыл саразынæн йæ уацау «Дадаимæ хæх- ты» (1974). Ныййарæг мад æмæ райгуырæн зæхмæ уарзондзи- над, куысты æхсызгонхæссæг æнкъарæн, хæххон æрдзы сусæг- дзинæдтæ уынæм йæ чиныг «Мады зæрдæйы» (1977). Ахадгæ 267
хъомыладон нысаниуæг ис йæ уацау «Фæскъæвда хур бон»-æн дæр (1981). Айларты Измаилæн ма рацыдысты чингуытæ: «Ма- мысоны æфцæгыл» (æртæ томæй), «Ирон фарн», «Царды хъæр» (æмдзæвгæты æмбырдгонд)... ЦЫУАРЗТОН Гыццылæй цы уарзтон: Сæуæхсиды райын, Дзывылдары ахстон, ’ Нымд дондзауты кыс-кыс, Сырддонцъиуы пæр-пæр, Сæлæф миты хъыс-хъыс; Гæркъæраджы къæр-къæр; Бæллиццаджы уалдзæг — Фæллад галты гуым-гуым, Хуымгæнæджы зарæг, Æфсæст фосы сым-сым; Бæркаддæттæг фæззæг — Тæргæбæхы уайын, Хæмпус дзулты фæздæг. ХОРЗÆМÆÆВЗÆР Хорз æмæ æвзæрæн Коммæгæс — нанайæн, Нæй сæ хъустыл гакк. Хæдзары — куыстхъом. Фæлæ, дам, хуыздæрæн Урсбоцъо дадайæн У хуыздæр йæ уаг. Рацæйдавы дон. Хорз æмæ æвзæрæн Нæй сæ хъустыл гакк, Фæлæ, дам, æвзæрæн > У æвзæр йæ уаг. . СЫВÆЛЛОНЫ БОНТÆ Сывæллоны бонтæй Йæ ирхæфсæн — гуда, Рæсугъддæр цы.ис! Хæрд - цъоза, хуырхæг. Нæ сæ фæрсæм зондæй, — , Сæ фæстæ — гæнгæлы, Æфтауынц ныл дис. Сæнчытæ, хуырзæнг, Æфцæгрæбын комы — , Дзæлæутæ; хъæндæлы — Мæ райгуырæн хъæу. Бæласы йас зæнг! Фæндаггон æй зоны, - Цæй цин мыл æфтыдтой Æнæуазæг нæу. Нæ кæмттæ, нæ хъæд, Нæ уалдзæджы цъæхыл Цы ’взагæй мæм дзырдтой Аивдæр ран нæй: Хæххон дæттæ уæд! Бон хур тулы зæххыл, /■••■ Ныр дæр ма сын хъусын Æхсæвыгон — мæй. Сæ зарын, сæ хъæр. Фæзыны пысыра, Æхсæрдзæнты сысын, Хуычъытæ, хуыскъæл. Суæртты хæл-хæл. Æвзонг зæрдæ «сæрра», — Сывæллоны байрæзт — , Кæндзæни та цæл! Рæсугъддæр гуырдзæй, Кæцы уæ йыл худа, Хуымæтæг — йæ арæзт, Уый ма фестæд лæг! ’ Хъæздыг та æрдзæй. 268
УАРЗ ФÆЛЛОЙ Искуы тар хъæды уыдтæ Сæрды къæсæрыл? Искуы гомкъахæй цыдтæ Æртæх кæрдæгыл? Кæмтты фæндæгтæй зыдтай, Чи кæдæм цæуы? Рæгътыл саунæмыг тыдтай Залмы къуырф сыфты? Искуы рады фос хызтай Даргъ сæрдыгон бон? Айнæг дзыхъдурæй нызтай Бадт уарыны дон? ., Искуы бассæстай къæбæр Ногдыгъд æхсыры? Федтай уазал пецы сæр Курæггаг сылы? Искуы абадтæ æнцад Астæуарты цур? Царды алцæмæн дæр — рад, О, мæ рæзгæ хур! Хайджын дæ, зæгъæм, куыстæй Ахуыры фæстæ, Уæд дæ ракасти цæстæй Райгуырæн бæстæ. РОДÆМÆГАЛ Рæуæд абухын зыдта Æмæ гал йæхи хуыдта. ; Цæй, ныр бавзарон мæ тых, Зæгъгæ, алæууыд хъæддых. Кæртыл ахаста йæ цæст, Фæлæ ницæуыл фæхæст... Сонтæй райдыдта хъылдым, Галау богътæ ’мæ гуым-гуым, Стæй йæ аууонмæ фæкаст Æмæ фесхъиудта, фæтарст! — Уынгмæ лидзыныл фæци, Фестад ’гасæй дæр къæдзил. Дуртыл бакъуыры йæ къах, Сæрыл ацæйлæууы сах! Иу ран доны сæрты — хид, — Ныр ыл иннæрдæм тæхид, Фæлæ нал уæнды — кæсы, Йе змæст уылæнтæй тæрсы. Уалынмæ йæм кауæй куыдз Смудгæ радардта йæ фындз, Æмæ — фенкъуысти æваст, Хидыл хъомы ’рдæм фæраст!.. Гал æм зулдзастæй кæсы, Стæй йæ къахæгау фæрсы: — Афтæ ’нтæф куы нæ у бон, Уæд цæмæн мизы дæ дон? Æви нæудзар кодтай хуым Æмæ бафæлладтæ уым, Æви ластай суг сыфцæй, Æмæ дыл æрцыди зæй?! Рæуæд бауасы мæллæг, Сæр æркъул кæны ныллæг: Федта уый фыццаг хатг гал, — Нал у, нал, йæхицæй хъал. ИКЪА-ИКЪА (Иварæй, сурджытæй хъазт) Икъа, икъа, цæй, — икъа! Рахиз къахыл — цырд икъа. Галиу къах нын — æвзидæн, Сургæ-къуыргæ нæ зилæн. Икъа-икъа, лæппутæ! Аджы бынуат — нæ ивар, Тас уæлхæдзар — нæхи бар, Тары ’фсургьау — нæ риуыгьд, Бакодта уал ныр иу лыгъд! Гъа-ма, гъа-ма, лæппутæ! 269
Былгæрæтты цы уайут, Астæумæ йæ æрсайут, Ацæгъдæм ын йæ рыгтæ, Авзарæм ын йæ сыгтæ. Икъа-икъа, лæппутæ! Рахиз къахæй — фæлмæнвад, Цыма бастад, ныффæллад?! Æрлæууыд! Нæмгæ! Нымæтæй... Фæсалæй... Æхсныфæй... Лæдзæгæй! Лидзгæ-æ-æ!.. Ивар-а-а-ар!.. Бакæсын: Мæрзойты Сергей «Тымбыл æрдузы», «Хæстон совет». ЦÆРУКЪАТЫ ВЛАДИМИР (1929-2005) & Ирон сывæллæтты литературæмæ аккаг фæллой чи бахаста, уыдонæй иу у Цæрукъа- ты Ибрагимы фырт Владимир. Владимир райгуырд 1929 азы 14 майы Цæгат Ирыстоны Хъарман-Сындзыхъæуы. Хъæуы астæуккаг скъола каст куы фæци, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыс- тоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддза- хадон педагогон институты историон-филологон факультетмæ æмæ йæ каст фæци 1952 азы. 1957 азæй фæстæмæ куыста республи- кæйы мыхуыры оргæнты. Бирæ азты фæллой кодта газет «Рæст- дзинад»-ы редакцийы. Чысыл æнтыстдзинæдтæ нæ бафтыд Владимиры къухы йæ даргъ литературон фæндагыл. Йæ фыццаг æмдзæвгæ «Уайтагъд зындзынæн» фæзынд 1950 азы’газет «Рæстдзинад»-ы. Уæдæй фæстæмæ йе ’мдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ мыхуыры цыдысты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны газеттæ æмæ журналты, уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй Мæскуыйы рауагъдæдты, газеттæ «Пио- нерская правда», «Литературная Россия» æмæ «Неделя»-йы. Цæрукъаты Валодя сывæллæттæн ныффыста ссæдз чины- джы бæрц: «Кæмæн цы?», 1957; «Диссаджы хабæрттæ», 1958; «Чи лæгдæр у?», 1965; «Боныцъæхтыл зындзынæн», 1966; «Уас- джыты хыл», 1967; «Хурыскаст», 1978; «Дзамбот — полиглот», 1985 æмæ æндæртæ. Уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй йын ра- цыдысты «Я вернусь на рассвете», 1967; «Храбрец Кызыл», 1968. Фыццаг чиныг у ирон сывæллæтты уарзондæр уацмыстæй иу. Æвдыст дзы цæуы Цæгат Ирыстоны цалдæр районы немы- цаг тыхгæнджыты рæстæгмæйы æрхъулайы уавæр. 270
Фыссæджы чингуытæн сæ бæрц куыд у, афтæ у сæ хæрз- хъæддзинад дæр, мидис æмæ аивадон æгъдауæй сты зæрдæмæ- дзæугæ. Йæ уацмыстæй бирæтæ хаст æрцыдысты ахуыргæнæн чингуытæм. ФÆНД Сабитæ куы ’вæриккой Сабиты ’мбырд фенкъуысид, Æгъдæуттæ сæхæдæг, Рацæуиккой зиумæ: Уæд, цымæ, цы зæгъиккой Хæцæнгæрзтæ денджызы Дунеты цъæх зæнæг? Бакаликкой иумæ. Ис ма зæххыл бирæтæ, Бар нæ раттид марынæн Къæс, кæрдзын кæмæн нæй... Иунæг дæр йæ фыдæн. Уыдонимæ иннæтæ Баззаиккой алыран Хъазиккой лымæнæй. Къонатæ æвыдæй. Бавдæликкой зарынмæ, Сабитæ куы ’вæриккой Цинтæ ’мæ хъæбыстæм. Æгъдæуттæ сæхæдæг, — Дидинджытæ садзынмæ Адæмтæ æрцæриккой, Батуликкой дыстæ. Нал уаид хылгæнæг. УÆРЦЦ-БЫЛДЫХЪ Иуизæр нæхимæ хуымæй Згъордтон тагъд. Раст мæ тæккæ къæхты бынæй Уæрцц ыстахт. Загътон: ацы маргъ æрцахсын У æнцон. Уæрцц кæм абадт, уым æй фахсыл Агуырдтон. Басгæрстон уым уайтæккæ дæр Алы дзыхъхъ, Фæлæ та фæцыд æддæдæр: « У æрцц-былдыхъ!» Адугъ та кодтон йæ уастмæ Рог-рог-рог. Фæлæ ’рбайсæфт хуымы астæу Уый дæр ног. Уæрццы иуырдæм фæсурын, Æтт-тъæбæртт! Уый та иннæ ранæй сдзуры: «Мыст, мæ мæрт!» 271
Рацыдтæн æз дæр æрхуымæй, Фыхт мæ маст. Хъуысти ма мæ фæстæ хуымæй Уæрццы уаст: «Æз — хуымы ’лдар, уæрцц-зынахсæн, Цъыкк-цъырыкк! Мæн хæлиудзых никуы ’рцахсдзæн, Уæрцц-былдыхъ!» ÆВЗÆР Хос æссыгьди... Хъæу ныр иууыл Стыр фæдисы Рацыд зиуы: Хуымгæронмæ Ихæй тас у, Рацыд хъæу. Сæфдзæн еуу. Уый нæ исы Уый ныр дæр та . Къухмæ сагой: Къуымы джиуы: . «Æз нæ уыдтæн! «Их æрцæуы? М’ аххос нæу!» М’ аххос нæу». Сывæллоны Хъæу æрæмбырд Дон фæласы... Хоры куывдмæ. Ног та рафæдис Уый ныр, мыййаг, Нæ хъæу. Æмбæхст нæу — Уый дæр донмæ Бирæгъау лæбуры Кæд гæпп ласы? Фынгмæ: «Æз цы зонын? «Æз ыстонг дæн... М’ аххос нæу...» М’ аххос нæу». БЕГÆМÆТЕГ Ах^ыргæнæг скъоладзаутæн Райуæрста. контролон куыст... Бег куы рсГэынд тæккæ цауддæр: Иунæг уый нæ радта фыст. Бафтыдта йæхи уый цæсты, Сæр бынмæ æруагъта тынг. Ахуыргæнæг æм ысмæсты: Уымæн уый куыд нæ уыд хъыг? — Бег, цы дæ мæнæн зæгъинаг, Цæй, кæм ис дæ куыст? — фæрсын. — Тег мын фæкæны хынцинаг, Уый та абон у рынчын... 272
ÆНÆНОМ САЛДАТ Кæмæй уыд, кæцон уыд, Нæ бæсты сæраппонд Кæм бæсты цæрæг, Уый райста мæлæт. Уырыссаг, ирон уыд, — Цæмæй нæм уа абон Нæу уый дæр бæрæг. Æнæмаст цæуæт. Æмæ йæ кæд хонæм Йæхæдæг кæцон уыд, Æнæном салдат, Кæм бæсты цæрæг, Уæддæр æй мах зонæм, Уырыссаг, ирон уыд, Кæмæн кæнæм кад: Нæу уый дæр бæрæг... Ныр мæнæ йæ хуыссæн — Йæ фæстаг бынат... Уæ рухсаг уай, рухсаг, > Æнæном салдат!.. БОНЫЦЪÆХТЫЛ ЗЫНДЗЫНÆН (Скъуыддзаг) Дзыцца куы афынæй, уæд Саухал хъæццулы бынæй сындæг- гай сбырыд. Йæ мады æрæмбæрзта, æрнорста йын йæ къæхтæ. Æнæуынæрæй акодта йæ дарæс æмæ ма иу хатт мады сынтæгмæ бауад. Хуыссæнмæ йæ йæ хъæбысы æрбатыхта. «Дзыцца, бо- ныцъæхтыл зындзынæн...», — загъта сындæг хъæлæсæй, мад куыд нæ райхъал уыдаид, афтæ, æмæ йæ зæрдæ æрбауынгæг. Нæ бау- рæдта йæ цæссыгтæ... Йæ къахфындзтыл рахызти къæсæрæй. Уасынц уасджытæ. Бонмæ бирæ нал ис, æвæццæгæн. Кæд фыццаг кæркуасæнтæ сты, уæд рæхджы нæма æрбарухс уыдзæн, фæлæ Саухал уый бæлвырд нæ зоны. «Цы уа, уый — ацы æхсæв!» Лæппу цармæ фæйнæджытыл рæвдз схылд. Дзыппыдаргæ фанарæй фæрухс кодта Алыккайы бынат. Йе ’фсæддон дарæс — ам. Азмæста сæ. Цыдæр гæххæтт йæ къухы фæци. Æркаст æм. Цыдæр нывтæ. Тымыгъ сæ скодта, æвæццæгæн. Иубон Хъæрæ- гъæцы уæлмæрдтæм дæр ахæм гæххæтт ахаста. Хъæуы хæдзæрттæ дзы иууылдæр. Ацы хатт ыл танктæ æмæ машинæтæ нывгонд не сты, фæлæ дзы ис цавæрдæр крестытæ. Уæдæ ацы гæххæттытæ ахуыргæнæг арæзта! Æмæ йæ куыд нæ базыдтон иубон! Ехх! Цæмæн æй хъæуы, ууыл хъуыды дæр нæ акодта, афтæмæй гæх- хæтт йæ дзыппы авæрдта Саухал. Йæ роны гранат куыд тьыста, афтæ уæрагæй фенцад цыдæр хъæбæрыл. Автомат! Алыккайы авто- мат. Цыдæр бæллæх æрцыд, æндæр æй ам куыд ныууагътаид?.. Аджих. Фелвæста йæ. Фæйнæджытыл хæцгæйæ та рог æрхызти царæй. Цæхæрадæтты уайтагъд бахæццæ сосайы уынгмæ. Акаст дæлæрдæм. Уынджы ранæй-рæтты зындысты машинæты сау æндæргтæ. Уыдон цыдысты сосайы иуварс, хæдзæртты æмбуар. 18 Ирои Л1ггерлтурæ сывæллæтгæн 273
Адæймаг змæлæг нæ зьшд. Уæлæрдæм ахаста йæ цæст. Уæлæуæз, хъæуы кæроны, кæмдæр дыууæ прожекторы сæ рухсæй сгæрстой та- лынг арвы къуымтæ. Куы-иу дзуарæвæрд фесты, науæд та-иу дыууæ рухс фæды дæр иумæ азул сты куы иуырдæм, куы иннæрдæм. Уынджы уæлæрдыгæй ацы сахат ничи уыд. Фæлæ та фехъуыс- та машинæйы хъæр. «Цалынмæ тигъæй нæма æрзынд, уæдмæ», — ахъуыды кодта Саухал. Уыцыфæдыл кауæй æргæпп кодта æмæ удаистæй со- сайыл цæхгæрмæ базгъордта. Фæйнæг быруйы сæрты бахызт цæхæрадонмæ, зæххыл йæхи аныхæста. Хъусы, хъусы... Уай- тагъд машинæйы рухсытæ сæхи ахафтой быруйы фæйнæджы- тыл. Рог автомобиль ныйивгъуыдта дæлæмæ. Фисынæй ссыдис немыцæгты дзурын... Лæппу хъусы йæ риуы гуыпп-гуыпмæ. Басабыр та и бæстæ. Цæхæрадæтгы араст дæлæмæ, цæугæ-цæ- уын-иу мит æрбахафта йе ’нгуылдзтæй æмæ-иу æй йæ дзыхы акодта. Диссаг у! Ацы æхсæв немыц куыд сабыр сты! Дысон изæрæй бæстæ гуыпп-гæрах уыди. Минометтæ, пулеметтæ æмæ сарма- дзантæ хъæуы кæронæй уыцы зыгъгъуытт кодтой хъæдырдæм, бомбæты нæрын хъуыстис Салыгæрдæнырдыгæй. Немыцаг мо- тоциклисттæ дæр уынджы силлæг сты изæрæй. Цыдæр мæтхуыз уыдысты, сыхæгтæм цы афицертæ æмæ салдæттæ цардис, Сау- хал алы бон дæр кæй уыдта, уыдон. Иуæй-иутæм дзы уыди зазы къалиутæ. Алыкка уыйразмæ дзырдта, фашисттæ, дам, Ног боны куывдтæ кæнынмæ хъавынц, фæлæ, дам, сæ нæ бауадздзыстæм... «Ехх, цы фæци Алыкка? Цæуылнæ фæзынд? Афтæ куы загъ- та, тагъд нæ ардæм хъæуы!» Автомат телогрейкæйы бын йæ фарсмæ балхъывта Саухал. Æфсæйнаджы уазал хъары буармæ. Хæстæг сыхты кæцы бæлас, кæцы къуындзих нæ зыдта, ахæм нæ уыд. Ныххæццæ Габулаты цæхæрадонмæ. Æрæмбæхст ауæ- дзы дурты цæнды рæбын. Уæртæ уыцы хæдзары æрцардысты Хъуыбайы-фырт æмæ ко- мендант. Уым вæййы Гуысинæ дæр. Уым цæры, Дзыццайы зæхмæ чи раппæрста, Тымыгъы хурхыл бæндæн чи æрбавæрдта, уыцы даргъ сырдæнгæс немыцаг дæр. Уæртæ сæ чысыл машинæ дæр кæрты астæу лæууы. Коменданты уатæй рухс цæуы. Бирæ фæкаст лæппу хæдзармæ. Зæххы уазал схъардта буар- мæ. Телогрейкæйы бын тæнæг мит атад, фæлæ фæстæмæ ацæуын йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Сосайы уынгæй хъуысын райдыдта машинæты хъæр. Куыд- фæстæмæ сæ уынæр æппындæр нал æнцад. Габулаты кæрты дæр змæлд фæтынгдæр. Дуар арæхдæр гом кæнын райдыдта. Каскæ- джынтæ уатæй скъæфтой чумæдантæ, цыдæр бæстытæ. Калдтой сæ машинæтæм. Чысыл машинæмæ дæр цыдæртæ баппæрстой. Ныртæккæ Габулаты кæртæй машинæтæ уæлбылмæ схиздзы- сты... «Ирвæзынц...» Лæппуйы буарыл анхъæвзта катайы уылæн. Тымыгъы маст æнæ райсгæ нæй! 274
Цæхæрадæггы комкоммæ уæлбылмæ йæ ных сарæзта Саухал. Хæстулæфтгæнгæ йæ цыппæртыл схылди къулыл Габулатæй сæ сы- хæгты хæдзæрпы æхсæн. Уæлбылты дæлæрдæм æруади æмæ, фæн- даг лæгьзмæ кæм схизы, уымæ хæстæг акъопмæ ныппæрста йæхи. Ардæм хорз зынд фæндаг. Зыны йæм бынæй Габулаты хæ- дзар дæр. Машинæтæ кæртæй куы рахизой, уæд цæхгæрмæ уын- гæй уæлæмæ сзилдзысты, цæудзысты каурæбынты фæхæрдгæ- нæны райдайæнмæ. Уым та дæлæмæ фæзилдзысты, нарæг фæн- дагыл зулаив æрцæудзысты æмæ Саухалы акъоппæй чысыл дæл- дæр лæгъзмæ æрхиздзысты. Акъоппы былмæ куы æрхæццæ уой, уæд уыдзысты тæккæ бæрзонддæр ран. Цалдæр рог машинæйы ссыди фæндагыл. Æрлæуу-æрлæуу кодтой: фæндагæй дæлбылмæ куы асхъиуой, уымæй тарстысты, æвæццæгæн. Иу дынджыр машинæйы та бадтысты салдæттæ. Афицер сæ рахизын кодта, æмæ машинæмæ алырдыгæй сæхи фæбыцæу кодтой. Йæ цæлхытæй иу уыдис æнæ рæхыс æмæ бы- рыди фæрсмæ, дæлбылмæ. Саухалæн йæ зæрдæ ныссæххæтт ласта, фистæг салдæттæ акъопмæ цалдæр метры бæрц хæстæджыты куы æрцыдысты, уæд. Акъопп фæндагмæ нæ зындис, стæй чи хæйрæг уыд, уым автомат æмæ танкдзæвæн гранаттимæ исчи бады, уымæн. Салдæттæ та сæхи гуыффæмæ бакалдтой. Машинæ араст. Уалынмæ лæппу ауыдта: Габулаты кæртæй рараст сты... Чы- сыл рог машинæ цæуы дыууæ стыр машинæйы æхсæн. Ссыдыс- ты каурæбынты. Раззаг æрбазылдис къулвæндаджы райдайæнмæ. Схилы сындæггай. Йæ фæстæ рог машинæ. Уым ис лæгмарæг... Уым ис комендант дæр... Уым ис Хъуыбайы-фырт дæр... Уым ис Гуысинæ... Уым... Уым... Уым!!! Зæрдæ риуы стъыбар-тъыбур кодта. Мæнæ хæстæгæй-хæс- тæгдæр кæнынц. Раззаг машинæ гъеныр ис Саухалы хæд дæле... Ныртæккæ йын йæ бынат бацахсдзæн чысыл сау машинæ. Ныр- тæккæ... Ныртæккæ... Машинæйы мидæгæй талынг у. Шофыры æндæрг йеддæмæ ницы зыны. Саухал банкъардта, фырадæргæй йæ ком кæй бахус. Гранаты цæгыл йæ галиу къухы амонæн æнгуылдз бандзыг и, рахиз къу- хæй та йын хæцыдис йæ хъæдыл. Уæраг акъоппы къулмæ фæбыцæу кодта, цæг стыдта, æмæ гра- нат атахт уырдыгмæ. Саухалы хъустæ амыр сты. Уый хæдуæлвæд акъоппы къуымтæ фæрухс сты. Бæстæ байдзаг гыбар-гыбурæй. Дæлбылæй сыхъуыст автоматты къæр-къæр. Нæмгуытæ фæ- цъыввыттытæ ластой акъоппы сæрты. Ногæй та автоматты къæр- къæр æмæ немыцæгты фæдисон хъæртæ. Хъæрзын. Йæ уд чи иста, ахæм лæджы хъæрзын. Æнæзонгæ æвзаджы дыгъал-дыгъул хæстæгдæрæй. «Æрбацæуынц мæм!..» Саухал автомат сæргъæвта акъоппы былмæ. Радардта йæ сæр. Судзгæ машинæйы сырх пил- лонмæ ауыдта бирæ немыцæгты. Иутæ згъордтой къулаив фæн- 275
дагыл уæлбылырдæм, иннæтæ комкоммæ сцæйцыдысты хæрды. Сæ хæстулæфт цæуы... Лæппу æрбалхъывта автоматы мæнгвæдæг. ■ •■ ,. — Тæ-тæ-тæ-тæ-тæ! Немыцæгтæ азгъæлдысты, атылдысты бынмæ. — Тæ-тæ-тæ-тæ-тæ! Фæндагыл та æрхаудысты цалдæрæй. Саухал æхста, цалынмæ фашистты уыдта, уæдмæ. Æхста, ца- лынмæ автоматы гилдзытæ уыд, уæдмæ. Æхста, цалынмæ... Хур æрбакаст. Сæууон хур. Сæрттывта дыргъ бæлæсты цъуп- пытыл, хæдзæртты сæртыл. Йæ сыгъзæрин тынтæй иуы хæрзæг- гурæггаг арвыста мæгуыр къæсмæ, Саухалмæ. Хуры тын бакасти рудзынгæй. Фæлæ Саухалы уым куы нæ федта, уæд æнкъардæй йæхи ранывæста уырдыгæй. Агурын та йæ райдыдта. Ссардта йæ хъæуы кæрон, акъоппы раз уæлгоммæ хуысгæ. Бонырдæм цы мит рауарыд, уый йæ тæнæггомау æрæмбæрзта. Æвæццæгæн, фынæй æнхъæл уыд ацы æнахъом лæппуйæн æмæ йæ æрнорста. Хуры тын ныккаст лæппуйы цæсгоммæ. Цæстыхауты мит ата- ди. Ставд гертахæй абадти цæсты къусчы, стæй сындæггай æртыл- ди русыл. Йæ фæстæ дыккаг, æртыккаг... Саухал куыдта... калдта йæ уазал цæссыгтæ... куыдта фæстаг хатт. Куыдта, далæ дæлбылы цагъды мæрдтæм акæсын йæ бон кæй никуыуал бауыдзæн, ууыл... Куыдта, дысон немыц ацы хъæ- уæй кæй фæлыгъдысты æмæ сæ абон сырхæфсæддонтæ Налцыч- чырдæм кæй фæсурынц, уый кæй нал базондзæн, ууыл... Ныха7 сы обауыл кæй никуыуал.ахъаздзæн, ууыл..: Кæй никуыуал аз- гъордзæн уæлбылы гьæпæнтыл... Чиныг кæй нал рафæлдахдзæн... Йæ ахуыргæнæджы кæй нал æрымысдзæн, йæ рынчын мад Дзыц- цамæ фæкæсын йæ бон кæй нал бауыдзæн... Ууыл куыдта чысыл Саухал. ^ ,г ’ УЫРЫМТЫПЕТР ’ '# • ;-;йМ1- ■= • (1932-1993) . .. *^яШ ■■' ’ • Ь&&&мА:& ттжж Ы*". \"^5 Щ4 Уырымты Созрыхъойы фырт Петр рай- ^^Р^й^ гуырд 1932 азы Алагиры. Астæуккаг скъо- Æ>м^:"4 лайы фæстæ ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны педагогон институты историон-филологон фа- культеты. Бирæ азты фæкуыста мыхуыры оргæнты (газеттæ «Æрыгон болыиевик» æмæ «Рæстдзинад»-ы). Петрæн йе сфæлдыстадон фæндаг рай- дыдта XX æнусы 50-æм азты кæрон. Йе ’мдзæвгæты æмбырд- гонд «Сабиты цин» мыхуыры рацыд 1958 азы. Чиныгæй уайтагъд- 276
дæр фæбæрæг, фыссæг хорз кæй зоны сабиты удыхъæд, сæ тыр- нындзинæдтæ, бæллицтæ æмæ сагъæстæ. Уæдæй фæстæмæ Пет- ры сфæлдыстады сæйраг архайджытæ систы суинаг фæлтæры минæвæрттæ. Аив фæлгонцтæ, хуымæтæг æвзаг, рог рифмæ æмæ хъæздыг юморæй хайджын сты, цы бирæ æмдзæвгæтæ æмæ ра- дзырдтæ сын ныффыста, уыдон. Уымæ гæсгæ ссардтой фæндаг рæзгæ фæлтæры зæрдæтæм йæ чингуытæ: «Хæмæт фæсырдта Зивæджы», 1962; «Уый дын диссаг», 1965; «Темыры был куыд фæзылын», 1966; «Гæды мæ фæнадта», 1973; «Хур æмæ сабитæ», 1974; «Цæргæс æмæ Халон», 1979. Фыссæджы уацмыстæ уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй ра- цыдысты Мæскуыйы чингуыты рауагъдад «Сывæллæггы литера- турæ»-йы, центрон газеттæ æмæ журналты, хицæн авторты æмбырдгæндты Болгарийы, Белоруссийы, Гуырдзыстоны æмæ Ук- раинæйы («Окрилено поколение». — Кырджали, БНР, 1971; «Из- под горного неба». — Ужгород, УССР, 1977; «Веселый день». — Киев, 1977; «Книга нашей весны». — Николаев, УССР, 1985). Фыссæг ма сывæллæттæн ныффыста дыууæ пьесæйы: «Сар- ты фырт» æмæ «Мæндзи æмæ Сырхуадул». 1979 азы æвæрд æрцыдысты Цæгат Ирыстоны драмон театр æмæ сывæллæтты театры. Уырымты Петры уацмыстæ хорз ахъаз фесты ирон сывæл- лæтты литературæйы дарддæры рæзтæн. МÆЗАРÆГ Сæрдыгон хур мæм рудзынгæй Сæууон уддзæф мыл базыртæ Куы ’рбадары йæ цæст, Куы бафтауы, æмбал, Куы айхъусын нæ рухс уынгæй Зæрин хуримæ хъазынтæй Нæ хъомгæсы хъæлæс, Уæд нал фефсæдын, нал. Уæд фестын æз Уæд фестын æз Æвзонг сæгуыт, Æвзонг сæгуыт, Мæ къахвæндаг — бæрæг. Мæ къахвæндаг — бæрæг. Цъæх дари хъæд, , Къæбæлдзыг хъæд, Дæ хъæбысмæ Дæ сатæджы Фæцæйуайын цæрдæг. Фæцæйуайын цæрдæг. Мæ Ирыстон — мæ цинты сæр, Мæ бæллицты æвзæн. Вæййы мын хъарм дæ миты сæр Сæрддон боны хуызæн. Уæд фестын æз Æвзонг сæгуыт, Мæ къахвæндаг — бæрæг. Дæ цъититæм Æнæзивæг Фæцæйуайын цæрдæг. 277
ДУРАМАЙÆГ Хорз у алцыдæр нæ царды, Хорз у ахуыргонд уæвын, Хорз у арвыл зилын дардыл, Хорз у их-хæхты гæрдын. Хорз у быдыртæ фæлдахын, Хорз у хъал дæттьт сæттын, Хорз у, хуры уæфт æндахыл, Хорз у рухс бæллиц бæттын. Фæлæ у æндæр мæ хъуыды, Фæлæ у æндæр мæ хæс: Тагъддæр ку’ айрæзин, тæхуды, Тагъддæр ку’ алæг уаин æз, Уæд мæнæй хъалдæр кæм уайд, Уæд цы бакæнин фыццаг? Дурамайæг æз ысуаин, Дурамайæг у Хуыцау. Хæхты аразин хæдзæрттæ, Хæхты мæсгуыты хуызæн, — Арв куыд æнцайа сæ сæртыл, Арв сын авгцатыр уыдзæн. Æз мæ сæр бæрзонд хæсдзынæн, Æз ныттындздзынæн мæ риу, Хохы рагъæй сæм кæсдзынæн, Хохау уæд уыдзæн мæ цин. ЛÆГ Лæдзæджы.æнцæйтты фæцæуы Лæгау лæг’ нæ сыхы къуылыхæй. Лæгæвзарæн тохы фæцæф и Лæппуйæ мæн тыххæй, дæу тыххæй. Лæмæгъты нæ уарзта йæ царды, Л?сгдзинад йæ бæллиц уыд рагæй. Лæгдььссзй йæ кард æмæ уартæй Лæвæрдта уый карз ныхкъуырд знагæн. Лæппу-лæг, фæдзæхсын дын æз: Лæгау лæгмæ алкæд фæкæс!
МАД Мадæй мын ма хъаст кæ, Мадыл куыннæ зарæм, Мацы мын дзур. Мад у зынаргъ. Мадæн йæ ракаст дæр Мачи уæ бавзарæд Махæн у хур. Мады зынад. МЫСТ ÆМÆ НАРТХОРЫ НÆМЫГ Уалдзæг бацыди йæ рады. Миты тæпп никуыуал уыд. Мæргътæ хъарм бæстæй семæ æрбахастой ног, хъæлдзæг зарджытæ. Бæ- лæстæ сты дидинæг рафтауынæввонг. Сæ сæртæ, сæ къабæзтæ тынгдæр ивазынц арвмæ. Хур та бынтон рæдау нæма у йæ зæлдаг тынтыл. Ацы афонмæ хоры къутутæ сафтид вæййынц. Баба дæр уисын кауæй нартхор равдæлон кодта сарайы гонмæ. Къутумæ хæстæг ничиуал цыд. Цы иугай гагатæ ма дзы баззад, уыдон сагъæс бай- дыдтой: «Цы уыдзæн дарддæр, цы фæуыдзыстæм?» Стыр урс дæндаджы йас нартхоры нæмыг уæлгоммæ хуыссы æмæ иунæгæй æнкъард кæны. Йæ бирæ æмбæлттæй фæхицæн. Цыма уа уымæй зындæр! Æрæджы дæр ма-иу афтæ дзырдтой: «Кæд цæргæ — уæд иумæ, кæд мæлгæ — уæддæр иумæ». Æвиппайды цыдæр сыбыртт ауад йæ хъустыл: «Цы уа, цымæ?» Нартхоры нæмыг фæкаст, уынæр кæцæй фехъуыст, уырдæм. Æна- хуыр цæрæгой. Саудзарм, урсмукъуджын. Иæ лыстæг цæстытæ тыбар-тыбур кæнынц. Йæ хæмхудтæ зæххыл хафгæ æрбацæуы. Цы агуры? Цы йæ хъæуы? Гъе, гъе, цыдæр урс мур фелвæста йæ хъæбысмæ. Абадт йæ фæстæгтыл æмæ йæ хæры. «Нæ, цыфæндыйæ дæр — лидзгæ, уый дзыхмæ бахауыны бæ- сты — мæлæт. Куыд аирвæзон ардыгæй?» — Æнахуыр цæрæгой хæстæгæй-хæстæгдæр кæны. Бирæ йæ нал хъæуы. Куыд дзы фервæза? Æввахс дæр куы ничи ис. Æнæнхъæлæджы дымгæ кæцæйдæр фæзынд. Нартхоры гагайы уыциу тылд акодта къутуйæ. «Тæрс-сс-гæ ма кæн. С-с-сабыргай фехс-с дæхи», — загъта дымгæ æмæ цыдæр фæци. Нæмыг сæрсæфæнæй куыд хауд, уый йæхæдæг дæр нал бам- бæрста. Йе ’муд куы æрцыди, уæд йæхи асгæрста: ницы йын уыд. Афæлгæсыд алырдæм, кæм дæн, зæгъгæ. Арвы цъæх æм зынд хæрз чысыл. Саумæр æй æмбæрзта. — Зæхх, зæхх, мæ райгуырæн зæхх, — цин кодта нартхоры нæмыг. Уалынмæ рацыд фæлмæн хъарм къæвда. «Ныр мын мæлæтæй тас нал у, стæй æвæдæй дæр нал баззай- дзынæн». Цалдæр боны фæстæ нартхоры нæмыг зæхх срæмыгъта йæ цъæх сыфтæй. Хъæлдзæгæй каст йæ алфамблаймæ, мидбылты худти хуры тынтæм. 279
АЙТЕДЖЫ ФЫН Раджы схуыссыдысты бинонтæ. Æрмæст ма баба дуармæ бад- ти, стæй уый дæр сыстад, йæ лулæ фæйнæгыл æрхоста æмæ мидæмæ бацыди. Хæдзары цыма иууылдæр фынæй сты. Фæлæ Айтеджы æппындæр хуыссæг нæ ахсы. Йæ сæры зилдух кæнынц алыхуызон хъуыдытæ. Æмæ куыд нæ! Сæ къласы иуæн дæр æвзæр бæрæггæнæн нæй. Айтегæн та ис. Æмæ цæмæй? Физкультурæйæ. Лæппуйæн уый худинаг дæр у, худинаг! Айтег æй бæргæ æмба- ры, фæлæ цы бакæна? Гыццылæй фæстæмæ нæ сахуыр згъорын, гæппытæ кæнын. Кæд доны был цæры, уæддæр донмæ æввахс нæ уæнды. Хур афтæ тынг нæма æндавы. Донæй рахызтæ. Дæ буар гæртт- гæртт кæны. Змисыл ахуыссыдтæ. Сæумæрайсом ма уымæй хуыз- дæр цы уа! Доны был чи цæры, уыцы лæппутæ æмæ чызджытæ ерыс фæкæнынц, чи йæхи раздæр цынайа, ууыл. Фæлæ Айтег раджы никуыма сыстад. Бакæсут-ма йын йæ хуызмæ. Лыстæджытæ арæзт, цыма къæ- цæлтæй конд у. Чысыл фæгуыбыр. Йæ бецыкк галиу æрфыгмæ æрхæццæ. Йæ бæхбæттæнтæ ныхъхъил сты. Афтæ æнхъæлут, Айтегæн йæхи зæрдæмæ цæуы, æнæхъару кæй у, уый? Куыд смæсты вæййы йæхимæ, уый зонут? Гыццы- лæй-иу ын нана «цума» куы загъта, уæд-иу цæмæн сæфсон кодта, мæ зæрдæ риссы, тыхцыд кæнæн мын нæй, зæгъгæ? (Уыцы ны- хас сыхæгты зæронд лæгæй фехъуыста). Мæнæ ныр дæр хуыссы æмæ хъуыдыты аныгъуылд. «Уæд та исты ахæм хос куы уаид... Аныхъуыр æй æмæ стыхджын уы- дзынæ. Æппæтæй уайагдæр фестдзынæ. Дунейы иу дæр дæ хуы- зæн бæрзонд нæ гæпп кæндзæн...» Айтеджы цæстытæ æрцъынд сты. Чысыл фæстæдæр йæ сым- сым ссыд.' Хатгай йæ мидбылты бахуды. Цымæ цы уыны йæ фыны? Физкультурæйы урок фæци. Лæппутæ æмæ чызджьггæ хъæл- дзæгæй фæцæуынц сæхимæ. Айтег дæр, йæ пъартфел йæ дæлар- мы, афтæмæй рараст сæ хæдзармæ. Цæуы æнкъардæй, йæ къа- хæй дуртæ къуыргæ. — Лæппу, фæлæуу-ма, — фехъуыст æм фæсте. Айтег,:фестъæлфыд, фæкаст æмæ ауыдта иу зæронд лæджы. Йæ урс боцъотæ æрхæццæ сты ронбастмæ, урс хъуынджын æрфгуыты бынæй æрттивынц дыууæ гыццыл цъæх цæсты. Йæ сæрыл сау уæлдзарм худ. Хæлаф æмæ йыл хæдоны бæсты даргъ къаба, суанг йæ фадхъултæм. Йæ къæхтыл, фыры сыкъайау, здыхт- фындз дзабыртæ. Айтег фæтарст. Йæ алывæрстæм акасти, фæлæ уынджы цъиузмæлæг нæй. — Лæппу, тæрсгæ мæ ма кæн. Дæ хуыз куы фæцыди! — сдзырд- та зæронд лæг æмæ йæ къух Айтеджы уæхскыл æрæвæрдта. — 280
Æз дæм бирæ фæкастæн скъолайы кæрты. Зонын æй, тынг дæ фæнды де ’мгæртты хуызæн домбай куы уаис, уый. Афтæ нæу? Айтегæн йæ зæрдæ æрбауынгæг. Дис кæны: «Чи уа, цымæ? Цæмæй мын базыдта мæ хъуыдытæ?» — Æз дын баххуыс кæндзынæн, — дзуры дарддæр лæг. — Рауай мемæ, — æмæ йын йæ къухыл ахæцыд. Цæуынц, цæуынц æмæ бахæццæ сты хъæдрæбынмæ. — Ацы фæндагыл ныр дарддæр цу æмæ дæ фæндтæ сæххæст уыдзысты, — загъта зæронд лæг æмæ фæцыдæр. * Айтег ракæс-бакæс кæны, фæлæ никуы æмæ ницы. Размæ нæ уæнды, фæстæмæ йæ нæ фæнды. «Цæй, цы уа, уый уæд»... — загъта йæхинымæр æмæ араст. V Æвæджиауы рæсугъд ран. Бæлæсты цъуппытæ арвыл æндзæ- вынц. Чысыл талатæ сæхи ивазынц хуры рухс тынтæм. Æхсæры къутæрты алыварс — гауызау цъæх нæуу. Рог уддзæф куы рады- мы, уæд бæлæстæ басусу-бусу кæнынц. «Мæнæ æмбисонды ран, мæнæ цы дзæбæх у!» — дис кæны Айтег. Уалынмæ бæрзонд тæрс бæлас нынкъуыст, ныууыгьта йæхи. Лæппуйы хъустыл ауад æрвнæрдау бæзджын хъæлæс: — Хæстæгдæр-ма мæм рацу! Айтег цы бакæна, уый нæ зоны. Фезмæлын нæ уæнды. — Дæумæ куы дзурын! Рацу мæ цурмæ! «Цымæ уый цы уа? Чи мæм дзуры? Кæд уыцы зæронд лæг у? Æмæ йын ахæм хъæлæс куы нæ уыд», — хъуыды кæны Айтег, сындæггай бацыд бæласы бынмæ æмæ хæрдмæ скаст. — Хæрдмæ-ма кæс. Дæ къæхты бын саунæмгуытæ. Æртон дзы иу гага æмæ йæ бахæр. Уыйадыл стыхджын, суайаг æмæ суæндаг уыдзынæ! — фехъуысти та бæласæй. Айтег æркаст æмæ æцæгдæр ауыдта саунæмгуытæ. Æртыдта иу гага, йæ дзыхы йæ фæцæйкодта, фæлæ йæ фæстæмæ райста. — Цыма йæм кæсыс?! — ныййазæлыди та. Лæппу аныхъуырдта саунæмыджы гага. Æмæ дын æваст йæ буар куы ныддыз-дыз кæнид, туг йе уæнгты куы ахъазид. Æна- хуыр тых æй систа йæ уæлныхты. Цъилау фæзылд æмæ хъæ- дæй разгъордта. Цæст ыл нал хæцы. Къудзиты сæрты гæппы- тæгæнгæ тæхы. Æрхæццæ ис хъæумæ. Йæ чингуытæ фелвæста æмæ скъоламæ фæуайы. — Айтег, абон дæ сæр нæ риссы? — йæ размæ рауадысты йе ’мбæлттæ. — Ныртæккæ нæм физкультурæ ис. Ницы сæм сдзырдта. Йæ пъартфел партæйы нывæрдта æмæ фæстæмæ раздæхт. Физкультурæйы урочы иууылдæр рацыдысты кæртмæ. Лæп- путæ æмæ чызджытæ дыууæ къорды фесты. Иутæ æрлæууыды- сты гæпгæнæны цур, иннæтæ та — згъорæн фæндагыл. Айтег дæр æрлæууыд згъорæн фæндагыл. 281
«Ацы хатт бæласы бын куыннæ сбадт», — сæхинымæр дис кæнынц йе ’мбæлттæ. Уалынмæ ахуыргæнæг рацыди. — Ды дæр згъоргæ кæндзынæ? — афарста Айтеджы. Лæппу «о», зæгъгæ, йæ сæр батылдта. — Хорз уæдæ, хорз, — бафтыдта ма ахуыргæнæг йæ ныхасмæ, стæй Айтег æмæ Барисы фæндаджы кæрон æрлæууын кодта. Ахуыргæнæг систа йæ сахат æмæ къамандæ радта. Ферттывтой лæппуты зæвæттæ. Ахуыргæнæг йæ цæстытæ нæ исы сахатæй. Уалынмæ Айтег æрбахæццæ. — Иуæндæс секундмæ! — сдзырдта ахуыргæнæг. — Уый у рес- публикæйы чемпионы хуыздæр бæрæггæнæн. Куыд нæ дис кодтаиккой скъоладзаутæ: 100 метры фæндагыл Айтег азгъордта 11 секундмæ. Гæпп дæр акодта 2 метры бæрзæнд- ты. Урочы фæстæ лæппуйыл æрæмбырд сты йе ’мбæлттæ, ахуыр- гæнджытæ! Иууылдæр цин кодтой Айтегыл, йæхæдæг дæр йæхи- цæй ныббузныг. Фæлæ уый цы уа? Æваст æй цыдæр ныууыгъта. Йе уæнгтæ базмæлыдысты. — Гъей, цафонмæ хуыссыс, гормон, цафонмæ?! Айтег ракаст, йæ цæстытæ аууæрста. Йæ цуры лæууы баба. — Уæлæмæ сыст, кæд хуыссæджы къупри нæ дæ, уæд, — зæгъгæ ма баба иу хатт батылдта Айтеджы æмæ йæ лæдзæгæй къупп-къупгæнгæ рацыд. Лæппу рауад тыргъмæ. Нана бадти гыццыл æртыкъахыг бан- доныл æмæ къуымбил æвзæрста. — Райхъал дæ, мæ къона? — О, нана, фæлæ ма фæлтау фынæй куы уыдаин... Ахæм фын уыдтон, ахæм... — Цавæр фын уыд, уагæр? Саби йæ фын дзурын райдыдта. Баба æрбацыд дыргъдонæй. Згъæлæдздзаг кæрдоты чыргъæд зæххы æрæвæрдта æмæ Айтегмæ хъусы. — Сихормæ куы хуыссай, уæд уæйыг куыннæ фестдзынæ, дугъон нæ фæлæ! — загъта фæстагмæ баба, стæй къæрта систа æмæ сарамæ ацыд. — Айтег, о, Айтег! — æрбайхъуыст уынгæй. — Лæппу, цу-ма, кæд дын уыцы зæронд лæг саунæмыг æрхас- та. Хуыцаубоны фын, дам, сихормæ хæссы. Айтег бамбæрста, баба та йæ æфхæргæ кæй кæны, уый, фæлæ ницы сдзырдта. Ауад æмæ акаст кулдуарæй. — Мысост, мидæмæ рацу, — йе ’мбалы къухыл рахæцыд Ай- тег. | — Нæ, нæ цæуын. Хъус-ма, Айтег. Цом мемæ. Уæлæ стадионы нæ районы спортсментæ ерыс кæнынц. Фенæм сæ. Хъæбысæй дæр хæцдзысты. 282
Айтег ахæм рæттæм цæуаг нæу, фæлæ йæ богæлтты фенын æрфæндыд. Бауад мидæмæ, загъта нанайæн. Йæ къæхтыл хæцъил- дзабыртæ акодта æмæ йе ’мбалимæ ацыди. Стадионы адæмæй къух бакæнæн нæ уыд. Ерысты чи нæ ар- хайдта, уыдон бадтысты уæлбыл. Иу ран волейболæй хъазыдыс- ты, иннæ ран гæппытæ кодтой. Мысост æмæ Айтег згъорджы- тырдыгæй лæуд фесты. Ныртæккæ райдайдзæн ерыс. Сæ иуæй- иутæ, сæ къæхтæ бæрзонд исгæ, сæ мидбынат згъорынц. Айтег сæм æдзынæг кæсы. — Мысост, ныр цымæ сæ зæрдæтæ нæ риссынц? — басхуыста йе ’мбалы. Уый дзуапп нæ радта. Уæд Айтег фæкаст, фæлæ Мы- сост уым нал уыд. Иæ алыварс ахъахъхъæдта æмæ лæппуйы згъо- рæн фæндаджы иннæ фарс ауыдта. Айтеджы иунæгæй лæууын нæ фæндыд æмæ уый дæр уыцы фарсмæ хъуызæгау фæцæйцыд. Цалдæр къахдзæфы куыд акодта, афтæ цавæрдæр гæрах ныцца- рыдта. Айтег фæтарст æмæ иннæрдæм атахт. Фæстæмæ ма иу каст фæкодта: æрбацæйæййæфтой йæ дыууæ лæппуйы. Айтег тагъддæр азгъордта. Адæм худтысты, хъæр кодтой: — Æййафынц дæ, æййафынц дæ! Фæстæмæ фæкаст, фæлæ сæ нал федта. Йæхи дæр ын адæм баурæдтой. Иу лæг йæ размæ бауад, йæ къухтыл ын фæхæцыд æмæ, чысыл раздæр Мысостимæ кæм лæууыд, уырдæм агайы. — Чемпион, чемпион! Салам гыццыл чемпионæн! — хъуысти алырдыгæй, фæлæ сын Айтег ницы æмбæрста. Æрлæууыдысты стъолы раз. — Дæ мыггаг? — афарста лæг. — За-хъиты Айтег, — къуызгæйæ дзуапп радта. — Кæм ахуыр кæныс? — Дыккæгæм скъолайы, æхсæзæм къласы. Уыцы лæг ыл æртыхта чемпионы лент. — Тынг хорз азгъордтай. — Æз та йе ’мбал дæн, — йæ цуры алæууыд Мысост. Айтег ницы æмбæрста. Уый лидзгæ куы кодта, ерыс нæ фæлæ. — Афтæ-иу куы дзырдтай, згъорæн мын нæй, мæ зæрдæ рис- сы, уæд ныр куыд азгъордтай? — загъта Мысост йе ’мбалæн, фæлæ йын Айтег дзуапп нæ радта. Бакæсын: Хетæгкаты Нафирæт, Хæблиаты Сафар «Къостайы кадæг» (1990). 283
:æда^даий . • ■■ СИТОХАТЫ САЛАМДЖЕРИ • (1934) •.;■,' ’ ■;': Ш .; ; ’ , Ситохаты Алыксандры фырт Саламдже- ри райгуырд 1934 азы 7-æм октябры Цæгат Ирыстоны Нартыхъæуы. Астæуккаг скъо- лайы фæстæ бирæ азты куыста алыхуызон бынæтты. Саламджерийæн йæ фыццаг æмдзæвгæ фæзынд районы газет «Размæ»-йы. Уæдæй фæстæмæ йæ уацмыстæ мыхуыры цæуынц канд республикæйы газеттæ, журналтæ æмæ альманахты нæ, фæлæ ма хицæн чингуытæй дæр: «Ацы гомдуар дунейы», 1972; «Мæ зонгæтæ», 1983; «Хъæмпын худ», 1984; «Ном», 1986; «Хъарм ныхæстæ», 1989; «Ахстон», 1993; «Уарзт æмæ фыдæх», 2000. Уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй йе ’мдзæвгæтæ рацыдысты «Ли- тературная газета», «Литературная Россия», «Дружба народов» æмæ «Дон»-ы. 1986 азы рауагъдад «Современник»-ы рацыд йæ чиныг «Зеленая ветка». Фыссæджы æмдзæвгæтæ хаст æрцыдыс- ты итайлаг æмæ польшæйаг журналтæ «Ла носа Варсер» æмæ «Камэна»-мæ, 1989 азы та — Францы уагъд антологи «Поэты мира»-мæ. Ситохаты Саламджери зоны суинаг фæлтæры удыхъæд, сæ тырнындзинæдтæ æмæ сагъæстæ. Арæхсы уыдонæн æмдзæвгæтæ, радзырдтæ æмæ аргъæуттæ фыссынмæ. Рæсугъд бæллицтæ æмæ æнкъарæнтæй хайджын у фыссæджы уацмысты хъайтар. Уымæн у сывæллæтты зæрдæтæм дæр афтæ хæстæг æмæ уарзон. САБИ Рæвдздæр чи у ахуырмæ, «Фондзтæ» арæх чи райсы, Æхсæр уисау чи тасы. Æз хæрам дæн ахæммæ, Чи тырны хыл къахынмæ. Саби искæй ку’ асайы, Уæд гыццылæй баззайы. ТÆРХЪУС Тархъæды цæры тæрхъус. Фæлæ зæхх нырма у сау. Зымæджы вæййы сæнт урс. Мит-куы нæ рауарыд? Ау? Хъуамæ миты хуызæн уа, Тæрхъус сагъæссаг фæци. Æмæ макæмæ зына. Ныр куыд амбæхса йæхи? Саби рæзы алкæм дæр: Уаты, уынджы, тарыдæр. Саби рæзы заргæйæ, Ног талатæ садзгæйæ. Саби рæзы хъазгæйæ, Сæууон уæлдæф нуазгæйæ, Тынгдæр рæзынц ахæмтæ, 284
Цас ын и ызнæгтæ, цас! Фурды арфæй рауадз уад! Цæргæс, рувас, бирæгъ, арс... Уадз æмæ æхситт кæна, Цуанæттæй дæр нæу æдас. Арвæй зæхмæ мит кæла. Чи рахæца ныр йæ фарс? Тæрхъус сулæфдзæни уæд, Мауал бад, зымæг, æнцад! Нал кæндзæни сагъæс, мæт. СÆГУЫТЫ ЛÆППЫН Иу сæрдыгон бон ацыдтæн хъæдмæ хъæдуры хъилтæм. Хæ- рæджы æрдузы хизгæ ныууагътон, мæхæдæг æхсæрбынмæ араст дæн æд фæрæт. Сумæрайсом хъæд уæлдай рæсугъддæр вæййы. Мæргътæ цин фæкæнынц ног боны æрцыдыл æмæ зарынæй нал фефсæдынц. Сырдтæ дæр хурварсмæ сæхи айсынц æмæ фæхъа- зынц сæ лæппынтимæ. Гъе, æрмæст уыдон сæ цин февдисынц æнæуæлдай уынæрæй, кæм сты, уый хъуамæ мачи зона. Мæргъты уынæр тынгæй-тынгдæр кодта. Æцæг æмбисонд та гугукгæнджытæ фесты. Иурæстæг, мæ фале фæрв талайыл цы гугукгæнаг бадти, уый мæн ауынгæйæ фæхъус. Диссаг! Иннæтæ дæр цæмæндæр ныссабыр сты, кæд сын йæ уасынæй бамбарын кодта; æввахс чидæр ис, фыдбылызæй тæссаг у. Иу ран мæ размæ цалдæр æмраст талайы фæци. Сæ иуыл фæрæт æруадзынмæ куыд хъавыдтæн, афтæ мæ хъустыл ауади цыдæр хъист-хъист. Фæкастæн уыцырдæм æмæ æрхы фаллаг фарс къутæрты кæрон ауыдтон дыууæ чысыл къæбылайы. Æз æрæм- бæхстæн мыртгæ бæласы фæстæ. Уайтагъд сæ базыдтон. Уыды- сты бирæгъы лæппынтæ. Хъазынæй æфсис нал зыдтой. Куы-иу сæ иу фæфæлдæхт уæлгоммæ, куы — иннæ. Иуахæмы мæ цæсты- тыл нал æууæндыдтæн, сæ цурмæ къутæртæй сæгуыты лæппын куы ратахт, уæд. Уый дæр фæндыд хъазын, фæлæ семæ нæ арæхст. Къуыбырхъусы цотæй-иу исчи йæ цуры куы фæуæлгоммæ, уæд-иу æм уый бынмæ нымдзаст йæ раззаг къах зæххыл æрхой- гæйæ. «Куыд æгъдауæй баиу семæ сæгуыты лæппын?» Уыцы хъуыды мын æнцой нал лæвæрдта. Стæй мæ зæрдыл æрлæууыд, ауалдзæг мын мæ зонгæ хъæдгæс цы хабар ракодта, уый. Уалдзыгон сырдтыл цуан кæныны бар нæй. Фæлæ иу æгæнон уыцы уагæвæрд ницæмæ æрдардта. Амардта сыл сæгуыты. Баз- зад ын дыууæ лæппыны. Йæ дзидзитыл бæрæг уыди. Фыдгæнæг баййæфта æфхæрд. Лæппынты ма фæцагуырдта хъæдгæс, фæлæ сыл нал фæхæст. Чи зоны, сæ иу тугдзых сырды амæттаг бацн, науæд искуы амард æххормагæй, иннæ та æрбафтыд ардæм æмæ бирæгъы лæппынтимæ балымæн. «Ау, æмæ йын уæд сæ мад куыд ницы кодта, æвæццæгæн, тынг æфсæст уыди, уæд, стæй йыл сабыргай фæцахуыр æмæ йæм нал бавнæлдта». Ахæм хъуыдытæ зилдух кодтой мæ сæры, фæлæ иуафон æндахы хæлттау æваст фескъуыдысты, мадæл бирæгъ сæ цурмæ куы бацыд, уæд. Лæп- пынтæ йыл амбырд сты, схъиу-хъиу кодтой. Агуырдтой дзидзи. Бирæгъ афæлгæсыд фæйнæрдæм, стæй йæ галиу фарсыл æрхуыс- 285
сыд. Лæппынтæ фæдджытæм фæлæбурдтой. Уæд сæгуыты лæп- пын дæр базгъордта æмæ се ’хсæн йæхи фæцавта. «Фыццаг хатт æй нæ дæйы. Æвæццæгæн, бирæгъмæ уæлдай дзидзи ис. Чи зоны, йæ лæппынтæ фылдæр уыдысты æмæ дзы исчи амарди, йе та йæ кæд цуанæттæй исчи æрцахста æмæ йæ йемæ ахаста», — хъуыды кодтон æз. Мæнмæ диссаг фæкасти уыцы ныв. Иннæмæй та, мæхимæ афтæ ныхъхъуыстон, æмæ зæххыскъуыды куы ныххаудаин, уæд мын æнцондæр уыдаид. Адæймаг разынд æгæрон æгъатыр, амардта мадæл сæгуыты, æмæ йын ныр йæ лæппыны бирæгъ хæссы, мах налат, тугдзых кæй хонæм, уыцы цъæх бирæгь. Иурæстæг бирæгъ сыстад, акасти та йæ алыварсмæ æмæ къу- тæртæм йæхи байста, æвæццæгæн, йæ лæгæт уым уыди. Æз æнæуынæрæй мæхи айстон уырдыгæй. Уæдæй фæстæмæ, ныр дæс азы бæрц, мæн цуаны ацæугæ ничиуал федта. ТЫХГÆНДЖЫТÆ Гадзыбейы сæрты атахти дæс æмæ æртиссæдз азы. Зæрæдты халасæй дзæвгар æрызгъæлди йæ сæрыл. Рæстæг æй ууыл нæ ныууагъта. Йæ фæтæн ныхыл æмæ саулагъз цæсгомыл зынынц лыстæг къанæуттæ. Цæстыты фыццагау нал ис цæхæр. Йе уæнгтæ фæуæзбын сты. Фарон ацафон дæр ма йæ тракторыл колхозы быдырты уалдзыгон куыстытæ кодта, фæлæ, Германы сау хæс- тæй йæ зæнджы цы нæмыджы схъис схаста, уый йæ тынгдæр хъыгдарын байдыдта, æмæ йæ уæд «хæрзбон» зæгъын бахъуыди йе ’фсæн бæхæн. Куыстуарзаг Гадзыбе æнцад бадын нæ зоны. Хæдзары дæр — бирæ куыстытæ. Кæм цæхæрадонмæ ауайы æвзартæ рувынмæ, кæм быруйы зыхъхъыртæ бангом кæны истæ- мæйты, кæм скъæт рамæрзы. Стæй куы бафæллайы, уæд та дуар- мæ фæйнæгæй даргъ бандоныл йæхи æруадзы. Мæнæ та ныр дæр бады уыцы бандоныл. Йæ каст скодта, чысыл æддæдæр уæлæнгай дзыхъгонды къæвдайы фæстæ цы дон сæмбырд, уыцырдæм. Абон сабат у. Куыстæй уæгъд дæн æз дæр. Мæ сыхаджы фарсмæ абадон, зæгъгæ, Гадзыбейы цурмæ мæхи ныйистон. Куы мæ ауыдта, уæд афтæ бакодта: — Уæртæ-ма кæс, уыдонмæ, зæрватыччытæй зæгъын. Куыд иузæрдионæй архайынц. — Лæг иуварс азилæгау кодта, стæй хæ- дзары рудзгуытæй иуы сæрмæ ацамыдта. — Уæлæ уым сæхицæн хæдзар кæнынц. Æндæрæбон æй райдыдтой, æмæ ныр кæсыс, æмбис амад у. Тагъд кусынц. Сæрæн сты. Махæн та нæ хъæуы Культу- рæйы хæдзар фондз азы аразынц. Сæ бригадир Тутыры ардæм куы ’рбахонин, уæд сæм бакæсид æмæ кæд йæхиуыл æрхудид. Æз дæр мæ каст скодтон дыууæ зæрватыкмæ. Сæ гыццыл цыргъ бырынчъытæй-иу цъыф æрцæфтæ кодтой, кæд-иу æгæр сур ра- зынди, уæд-иу æй доны аудæстой, стæй-иу æваст сæ базыртæ æрдынтау фæтынг кодтой æмæ-иу хæрдмæ адзæхст ластой. 286
Иурæстæг сæ цуры февзæрди сырддонцъиутæ. Сæ цæстытæ нал æмæ нал истой зæрватыччытæй, чи зоны, кæд афтæ фен- хъæлдтой, цъыфы исты хæринæгтæ ссардтой, уæдæ цы уидзынц æндæр? Сырддонцъиутæй иу багæпп кодта цъыфмæ. Æркæстытæ кодта зæхмæ. Иннæтæ дæр йæ цуры февзæрдысты. Фæлæ хæри- наджы уагæй куы ницы федтой, уæд сæхи æддæдæр айстой, уæд- дæр ма кастысты цъыфмæ, сæ къах сæ нæ хаста уырдыгæй, цыма афтæ хъуыды кодтой: «Уæдæ зæрватыччытæ цы уидзынц, кæд исты ног хæринаг у, мах кæй нæ зонæм, ахæм». — Ныр, уым, сæ цуры цы слæууыдысты? Цæмæн сæ хъыгда- рынц? Ссиу! Ссиу! — Асурынмæ хъавыди сырддонцъиуты. Фæ- цæй сыл æхста Гадзыбе къуыбар, фæлæ уыцы рæстæг зæрватыч- чытæй иу цъыфы цур абадти, æмæ уæд йæ къух дæлæмæ æруагъ- та. — Адонæй æнæмастдæр мæргътæ нæй, æвæццæгæн. Стæй адæй- магыл тынг æууæндынц. Сæ ахстæттæ хæдзары хъайвантыл, рудз- гуыты сæрмæ хуымæтæджы нæ кæнынц, цыма бинонтæн афтæ зæгъынмæ фæхъавынц: «Мах уе уазæг». Стæй зондджын сты. Æрдзы аууæлтæ хорз хатынц. Кæсыс, цæгат æмæ ныгуылæнварс цы рудзгуытæ ис, уыдоныл стæм хатт скæнынц ахстæттæ. Зо- нынц, уыцырдыгæй тыхджын къæвдатæ арæхдæр кæй æрбацæуы, уый. Ахæм рæстæг ахстон ныххуылыдз вæййы æмæ æркæлы, науæд та сæ лæппынтæм уарыны дон бакæлы. Скæсæнварс æдас- дæр у. Хуссарырдыгæй дæр тæркъкъæвдатæ стæм хатт æрбацæуы. Стæй лæппынты хур дæр хъæуы, хур. Иурæстæг Гадзыбе цæуылдæр ахъуыды кодта, стæй афтæ: — Стæ-ма, æз сын иучысыл цемент радавон. Доны йæ аудай- дзынæн æмæ йæ, уæртæ, уым æркалдзынæн. — Йæхæдæг сыста- ди æмæ къуылых-къуылых фæраст и кæртмæ. Бирæ нæ афæстиат мидæгæй. Йæ армыдзыхъхъы рахаста цементы змæст æмæ йæ, зæрватыччытæ ахстон аразынæн цъыф кæцæй хастой, уыцы ран æркалдта, йæхæдæг та мæ фарсмæ бандоныл æрбадти. Йæ цæс- тытæ нал иста зæрдæхæлар мæргътæй, уæдæ цы кæниккой, зæгъгæ. Зæрватыччытæй иу æрбадти цементы змæсты цур. Йæ бырынкъæй иу ран æркъупп-къупп кодта. — Кæсыс? Раздæр сын раттын хъуыд цементы змæст. Ахæ- мæй арæзт хæдзар фидардæр уыдзæн. — Гадзыбейы цæсгомыл фæзынд цины уылæн. Афтæ йæм каст, цыма стыр æххуыс бакод- та чысыл мæргътæн. Фæлæ... Йæ цин бирæ нæ ахаста. Зæрва- тыкк цементы змæст фæстæмæ йæ дзыхæй æрæппæрста. Багæпп кодта фалдæр æмæ хуымæтæджы цъыфæй фелвæста, стæй асенк кодта рудзынджырдæм. Иннæ зæрватыкк дæр бакодта афтæ. — Сахуыр сты хуымæтæг цъыфæй аразын. Цементимæ арха- йын нæ зонынц, — сдзырдта Гадзыбе. Рацыдаид цалдæр боны. Куыстæй нæхимæ сихор кæнынмæ æрбауадтæн. Фæстæмæ куы фæцæйцыдтæн, уæд мæ хъустыл ауади Гадзыбейы хъæр. Афтæ тызмæгæй йæ никуы федтон æмæ дисы бацыдтæн, цы кодта, зæгъгæ. Ныххæццæ дæн йæ цурмæ. 287
— Кæимæ загъд кæныс, Гадзыбе? — Æгас цу! Кæимæ загъд кæныс, куы зæгъай, уæд!.. — загъта лæг æмæ исдуг аджих. — Айфыццаг федтай, зæрватыччытæ ах- стон куыд зæрдиагæй арæзтой, уый? — Куыннæ сæ федтон. Иумæ сæм куы кастыстæм. — Гъемæ арæзт куы фæци, уæд сын æй сырддонцъиутæ бай- стой. Сбадтысты дзы æмæ ма марадз, зæгъ, æддæмæ кæд цыды- сты. Зæрватыччытæ-иу куы батахтысты, уæд-иу сæхи фæпых- цыл кодтой æмæ-иу сæ асырдтой. Уыдон дæр сæ бон куы базыд- той, уæд сæхи иуварс айстой. Уырны дæ, райсомæй нырмæ уæлæ уым радиойы телыл фæбадтысты. Уыцы æнкъардæй кастысты сæ ахстонмæ, цалдæр боны кæуыл фæфыдæбон кодтой, уыцы ахстонмæ! Гъеныр уыцы сырддонцъиутæ тыхгæнджытæ не сты! Гадзыбе йæ цæсгомы хид йæ дысæй асæрфта. — Схид дæн. Улæфт мын нал фаг кæны. Хъуыды-ма кæнын иу цау. Уый хæсты рæстæг уыди. Украинæйы иу хъæуæй немы- цы куы асырдтам, уæд иу ран сарайæ сывæллоны кæуын райхъу- ысти. Танкæй рагæпп кодтон. Ме ’мбалимæ сарамæ бауадыстæм æмæ федтам: мад йе ’ртæ сывæллонимæ хуыссыди лыстæныл. Уазалæй гæвз-гæвз кодтой. Мах сæ бакодтам хæдзармæ, сæхи хæдзармæ. Немыц сæ зымæгон сарамæ атардтой. Ацы сырддон- цъиутæ мын уыцы фашистты мæ зæрдыл æрлæууын колдтой. — Лæг рудзынджы сæрмæ скаст,.— исты ма дзы уыныс? Æз куыддæр фæдæн, ахстон дзы куынæуал федтон, уæд. — Тæригъæд мын ма уæд. Сырддонцъиутæ сæ мидæмæ куы- нæуал уагътой, уæд мæстæй рафыхтæн. Радавтон даргъ хъил æмæ ахстон ракалдтон æд сырддонцъиутæ. Зæрватыччытæм нал бака- стæн. Мæ цæсгом нæ бахъæцыд. Фæрæдийын мæ кодтой уыцы фыдбоны сырддонцъиутæ. Мæ танк хæдзарыл нæ, фæлæ бæла- сыл дæр никуы батардтон. Иу хатт мæ размæ тас фæци. Æз мæ танк иуварс азылдтон. Уæд къамандир фæхъæр кодта: — Афтæмæй мах Берлинмæ никуы бахæццæ уыдзыстæм! — Æмбал къамандир, хæсты фæстæ тас æнцон ыссарæн нæ уыдзæн. — Раст хъуыды кæныс, фæлæ... Тагъд кæнын хъæуы, — загъ- та къамандир. — Уæд ахæм уыдтæн. Ныр та? Куыд æп>атыр разындтæн, — загъта мæ сыхаг. Æз ацыдтæн мæ куыстмæ. Цалдæр боны мæ цæст нал æрхæцыд Гадзыбейыл. Куыд фехъуыстон, афтæмæй уыди рынчын, хуыссыди сæхимæ. Иуизæр æй бабæрæг кодтон. Мæ фенд ын æхсызгон уыди. — Дохтыр мæ федта æмæ загъта, дæ зæрдæ, дам, тынг фæры- сти. Дæ нервытæ, дам, тынг фенкъуыстысты. Радта мын хостæ. Абон чысыл æнцойдæр дæн. Цыдæр дын зæгъынмæ хъавын, — загът^ Гадзыбе æмæ мæм йæ къухæй ацамыдта, ома, хæстæгдæр æрбабад, зæгъгæ. Бамбæрстон, мæ сыхаг мын сусæгæй цыдæр зæгъынмæ кæй хъавы, уый. Мæ хъус æм бадардтон. 288
— Нæ бинонтæн, стæй дохтырæн дæр ницы схъæр кодтон. Цæмæй афтæ фæдæн, ууыл дис кæнынц. — Æмæ, æцæгæй дæр. Ахæм маст дæ кæм бацыди? — афар- стон æй æз. — Зоныс æй. Дæу йеддæмæ мæ ничи федта. Зæрватыччыты ахстон куы акалдтон, уæд... Æхсæвы мæ зæрдæ риссын райдыдта. Гъе, æрмæст дын фæдзæхсын, макæмæн-иу æй зæгъ. Нæ хъæуы. Æз хъуыдыты аныгъуылдтæн. Стæй мæ сæр разыйы тылд бакодтон, ома, никæмæн æй зæгъдзынæн. ХÆЛÆРТТÆ Ирбег æмæ Ахте скъоламæ ахуыр кæнынмæ куы бацыдысты, уæд иу партæйыл бадт фесты æмæ уæдæй фæстæмæ кæрæдзийæ атонын нал комынц, афтæ бахæлæрттæ сты. Ныр дæр æртыккаг къласы иумæ бадынц. Сæ иу искуы-иу хатг скъоламæ куы нæ æрбацæуы, уæд иннæ урочыты кæронмæ фæбады æнкъардæй, цыма йын исты нæ фæфаг кæны, уыйау. Уыцы хъуыд- даг æнæхатгæ нæу ахуыргæнæг Бимболат. Æмæ дыууæ чысыл хæла- рæй исчи фыдуаг ми куы акæны, уæд йæ маст тынгдæр цæмæй ссæуа, уый тыххæй сæ искæйы æндæр партæйыл сбадын кæны. Иухагг та ахуыргæнæг фæйнæгыл хынцинæгтæ кæнынмæ куы фæци, уæд Ахте гæххæггын хæдтæхæг ацарæзта æмæ йæ къласы иннæ кæронмæ хæрдты фехста. Лæппу куыд æнхъæл уыдис, афтæ нæ рауад йæ хæдтæхæджы тахт. Раст цыма барæй уыд, уыйау йæхи бæрзонд систа æмæ ахуыргæнæджы тæккæ къæхты бын æрбадти. Бимболат йæ фыссын фæуагьта æмæ мæстыхуызæй фæхъæр кодта: — Чи уыди? Иууылдæр ныхъхъус сты. — Кæмæ дзурын? Чи уыд, уый уæлæмæ сыстæд! Иуцасдæр рæстæг йæ бынатæй ничи фезмæлыд, стæй Ахте нæ, фæлæ Ирбег сыстад. Скъоладзаутæй чидæртæ бæлвырд фед- той, гæххæттын хæдтæхæг Ахте кæй фехста, уый, æмæ ныр уæлæмæ Ирбег куы слæууыд, уæд фæджих сты. — Уый нæ уыди, Ахте йæ фехста, — загъта рудзгуытырдыгæй чи бадт, уыдонæй чидæр. — Æмæ уæд ды цæмæн сыстадтæ? — бафарста Ирбеджы ахуыр- гæнæг. — Æз... Æз уыдтæн. Хатыр ку-рын... Никуыуал бакæндзынæн афтæ. Ахте Ирбегæй цауддæр ахуыр кодта. Ноджы йын, чысыл раз- дæр куыд радзырдта, афтæмæй знон йæ уроктæ нæ бацæттæ код- та, æмæ йын тарсти, ахуыргæнæг æй йæ мæстæй куы бафæрса, æмæ йын æвзæр бæрæггæнæн куы сæвæра. Фæлæ Ахтемæ дæр куыддæр хорз нæ фæкаст, йе ’мбалыл уый тыххæй æфхæрд куы ауайа, æмæ уый дæр сыстади, кæд æм Ирбег аивæй йæ цæстæй амыдта, ды бад, зæгъгæ, уæддæр. 19 Ирон литерлтурæ сывæллæттæн 289
— Ау, уый та куыд у?! Ацы гыццыл гæххæтты гæбаз дыу- уæйæ фехстат? Афтæ уæззау куы нæ у, — мæсты æмæ дисхуы- зæй загъта ахуыргæнæг, стæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта. — Уæдæ афтæ. Хатыр уын фæуæд. Æрмæст бынтон нæ. Сбадут хицæн партæтыл. Кæд уæхи дыууæйæ дæр æгъдауджынæй равдисат, уæд та уæ фыццаджы бынаты сбаддзыстут. — Æмæ лæппуты фæхицæн кодта кæрæдзийæ. Рацыдаид мæй, æмæ дыууæ æмбалмæ уайдзæф никуыуал æрхауди. Иудадзыгдæр бадтысты сабыр, бæл- вырд хъуыстой ахуыргæнæджы алы ныхасмæ дæр. Æмæ та сын уæд Бимболат дæр бар радта иу партæйыл сбадынæн. Уæдæй фæстæмæ кæрæдзийæ нал фæхицæн сты Ирбег æмæ Ахте. Æмæ-иу канд скъолайы нæ фембæлдысты дыууæ хæлары. Кæ- рæдзийы хæдзæрттæм дæр-иу арæх бауадысты æмæ-иу сæ уроктæ иумæ бацæттæ кодтой. Гъе æрмæст а фæстаг рæстæг Ирбег Ахте- тæм стæм хатт йеддæмæ никуыуал бауайы. Уый дæр, кæд Ахтейы мад Дасга сæхимæ нæ вæййы, уæд. Уый та уымæн, æмæ Дасга бацæуæг нæ уарзы. Ирбег кæд нырма чысыл у, уæддæр уыцы хъуыддаг хорз иртасы. Къæсæрæй-иу куы бахызти, уæд-иу Дасга йæхи фæтар кодта. Исты æфсонæй-иу Ахтемæ загъд кæнын рай- дыдта. Стæй сæм сыхæгтæ дæр цæуаг не сты. Æмæ ныфс дæр хъæуы уырдæм бацæуынмæ. Дасга а сæрды йæ зонгæ фыййæут- тæй иу стыр куыдз райста, сæ уынгты Хъызларæй хохмæ фос куы фæцæйскъæрдтой, уæд, æмæ йæ тæккæ кæртмæ бахизæны бабас- та. Фыййæуттæ куыдзы, чи зоны, æмæ нæ радтаиккой, фæлæ йæ раззаг зæнгтыл уæрдон атылд æмæ йæ бон цæуын нал уыд. Дыууæ- æртæ къуыримæ Богъара сдзæбæх æмæ йæ рæзты цъиу атæхын дæр нал уагъта. Дасга æддæрдыгæй цъæхахуырст кулдуарыл урс ахорæнæй ныффыста: «Мидæгæй ис хъæхъхъаг куыдз». Куыдз цыдæр æнахуыр уыд. Æхсæвæй-бонæй йæ ниуынæй не ’нцади. Æвæццæгæн, уый размæ уæгъдæй сахуыр æмæ ныр бастæй нал фæрæзта, тыхсти. Сыхæгтæй-иу Дасгайæн исчи куы бауайдзæф кодта, уый цавæр куыдз у, æхсæв нæ фынæй кæнын куы нæ уадзы, зæгъгæ, уæд-иу ын уый дæр алывыдтæ акалдта, хатыр ракурыны бæсты. Йæ лæг Мыртаз дæр ын иу æмæ дыууæ хатты нæ загъта, цы дзы кодтай, исты нын нæ фосы дзугтæ куы нæ хъахъхъæны, зæгъгæ, фæлæ-иу Дасга уый дæр дисы бын фæкодта: — Куы бафæллайа, уæд нал ниудзæн. Йæ ниуынæй чи тыхсы, уый та уал йæ хъусты къæрмæджытæ дарæд, бæмбæг — арæх. Иу æхсæв иу чидæр (чи уыд, уый ныр дæр нæма сбæрæг) сæ кулдуарыл цы фыст уыдис, уымæн йæ фæстаг дзырд фехæлдта æмæ йын йæ бынаты мелæй ныффыста «ус». Райсомæй ууылты чи цыди, уыдон-иу куы бакастысты кулдуа- рыл фыст: «Мидæгæй ис хъæхъхъаг ус», зæгъгæ, уæд-иу худæ- гæй бакъæцæл сты. Дасга фыст куы федта, уæд мæстæй рафыхти, фæзагьд кодта. Бынтон æндæрхуызон у бакастæй дæр æмæ удыхъæдæй дæр Ир- беджы мад Залдуз. Йе ’рфгуытæ йын æлхынцъæй никуыма ничи 290
федта. Иу зулдзыхы ныхас дзы нæ зонынц, нæдæр сыхæгтæ, нæ- дæр, цы бригады кусы, уыцы колхозонтæ. Æмæ кæннод, цы хæлар- зæрдæ у, уый та! Ахте сæм куы бацæуы, уæд ма йын фырцинæй цы акæна, уый нал фæзоны. Кæд зымæгон вæййы, уæд æй пецмæ хæс- тæг сбадын кæны, дæхи артмæ батав, зæгъгæ. Кæд сæрдыгон æнтæф рæстæг вæййы, уæд та йын бандон авæры, цы дымгæгæнæн сæм ис, уый цур. Æхсызгон вæййы Ахтейæн, дымгæйы рог уылæнтæ йæм куы ’рбакæлынц, уæд. Фæлæ уый дæр ахæм æнæмбаргæ нæу. Куы ахъуыды кæны, дымгæгæнæн электрон тых хардз кæны, уый, уæд фæзæгъы: «æгъгьæд у ныр» æмæ йæ ахуыссын кæны. Æмæ æниу Заддуз цы кæрдзындæтгон у, уый та?! Нырма Ахтейы сæхицæй æххормагæй никуы рауагьта. Ахæм рæстæг лæппу ныфсæрмы вæййы, йæ мад Дасга йæ зæрдыл куы ’рбалæууы, уæд. Уый нырма Ирбе- джы цур хæринаг никуы æрæвæрдта. Иухатт æрæгвæззæджы Ирбеджы уазал бацыд æмæ фæрын- чын. Дыууæ къуырийы бæрц хуыссæнæй нæ сыстад. Тæвд кодта иудадзыг. Ахте-иу æй алы бон дæр абæрæг кодта. Радзырдта-иу ын, ахуыргæнæг сын цы уроктæ бацамыдта, уыдон. Ирбег сфыдхуыз, йæ зæрдæ хæринаг нæ агуырдта, кæд-иу ын Залдуз тыххæй бахæрын кодта, æндæр. Иубон æй йæ мад бафар- ста: «Уæд та дæ зæрдæ цы агуры, мæ къона, уый зæгъ, æмæ йæ ыссардзыстæм». Лæппу ахъуыды кодта, стæй загъта: — Фæткъуытæ бахæрин. — Гъемæ хорз. Æз дын горæтæй æрхæсдзынæн. Ардыгæй уыр- дæм автобустæ дыууæрдæм куы кæнынц. Хур ма уыдзæн, афтæ мæ ардæм хъæуы. Ахте дæр уыдис уым. Æмæ куы фехъуыста, Залдуз горæты базармæ фæткъуытæ æлхæнынмæ цæуы, уый, уæд йæ бынатæй фестади: — Æз ын нæхицæй схæсдзынæн. Нырма иубон æртыдтам нæ зымæгон фæткъуытæ. Залдуз, мауал ацу горæтмæ, — загъта лæп- пу æмæ рæвдз ауади. Ахте Дасгайы ныййæфта сæхимæ. Хæдзары архайдта цы- дæртæ. Лæппу исдуг æнæдзургæйæ алæууыд, стæй бакой кодта йæ цыды сæр: — Мамæ, Ирбегмæ фæткъуытæ хæрын цæуы. — Цы? Цы? Æмæ æниу мæнмæ ницы хæрын цæуы. Мæнæн та мæ зæрдæ тъорт агуры æмæ мын, цу, æмæ искæцæй æрбадав. — Бирæ нæ хъæуы. Æртæ кæнæ цыппар фæткъуыйы. — Кой дæр æй мауал скæн. Фæткъуытæ уæййаг сты. Иннæ хуыцаубоны сæ базармæ ласæм. — Омæ цас диссаг у, рынчынæн цалдæр фæткъуыйы авæрын? — Мæ хæдзары куысты нæ фæрынчын. — Æмæ дзы уæдæ знон Мисурханæн бедрайы дзаг куы радтай. — Æмæ йын сæ исты лæвар радтон? Æхца æмбырд кæнын. Зы- мæгмæ мæхицæн пъалто æмæ сапожкитæ æлхæнын. Фехъуыстай? 291
Лæппу бамбæрста, Дасга йæ фæнд кæй нæ аивдзæн, уый, æмæ æнкъардæй уынгмæ рацыди. «Ныр цы бачындæуа? Залдузы дæр ма горæтмæ нæ ауагътон. Афонмæ мæм æнхъæлмæ кæсынц», — хъуыды кодта йæхинымæр Ахте. Уæлæнгай ран æвæрд куы уаиккой фæткъуытæ, уæд дзы искуыд аивæй ахæссид, фæлæ къæбицы сты. Йæ дуарыл та гуы- дыр æвæрд ис. Иучысыл алæууыд лæппу сисы рæбын, стæй æваст йæ сæры иу хъуыды февзæрди. Йæ дзыппæй фелвæста дыууæ сомы. Æркаст сæм. Фæстæмæ сæ авæрдта. Абон скъолайæ сæ- химæ куы рацæйцыд, уæд ыл йæ фыдыфсымæр Афæхъо амбæлд æмæ йын сæ уый радта, адонæй дам-иу дæхицæн къафеттæ ал- хæн. «Уæдæмæ цон æмæ искуы афæстиат уон. Стæй æрцæудзы- нæн æмæ мамамæ ратдзьшæн ацы æхца, цыма мæ фæстæмæ Зал- дуз æхцаимæ æрæрвыста, — афтæ», — æскарста йæхимидæг Ахте æмæ уынджы уæлæрдæм фæраст ис. Уым, тигъыл иуцасдæр алæ- ууыд, стæй фæстæмæ сæхимæ æрцыд. — Мамæ... Мæнæ мæм æхца радтой. Адонæй, дам... — Æхца, зæгъыс? Цас дæм радтой? — Дыууæ сомы. — Кæм сты? — Мæнæ. — Ахте гæххæттын дыууæ сомы радта Дасгамæ. Мад æхца йæ дысалгъы атъыста æмæ къæбицы дуар гом кæнынмæ фæци. — Се ’хцайæ дыууæ килограммы цæуы. Горæты базары дæр асламдæр нæу, — загъта ус æмæ кæройнаг асыккæй систа сырх- варс фæткъуытæ. Æрæвæрдта сæ барæны тæбæгъыл. Дыргътæ рауадысты уæззаудæр. Иу фæткъуы дзы фелвæста, æмæ уæд тæбæгътæ сæмхуызон сты. — Гъа, уый та дæуæн, — кæй фелвæста уыцы фæткъуы бап- пæрста Ахтемæ. Стæй дыргътæ дзæкъулмæ ныккалдта æмæ йæ Ахтемæ авæрдта. — Ма-иу дзы сис. Мыййаг сæ куы сбарой, уæд... — Ма тæрс, — загъта лæппу æмæ къæбицæй рахызти. Дуармæ куы рахæццæ, уæд дзæкъулмæ йæхи фæткъуы дæр ныппæрста æмæ уым — уæлæмæ атындзыдта. Уымæй цалдæр боны фæстæ дыууæ лæппуйы ныййарджытæ фембæлдысты дуканийы. — Стыр бузныг! Ибон мын мæ рынчын лæппуйæн хорз хуын сæрвыстай, — раарфæ кодта Залдуз Дасгайæн, семæ цы устытæ лæууыд, уыдоны цур. — Нæ дæ ’мбарын. Мæнæн?.. Цавæр хуыны кой кæныс? — Цы дыргътæ сæрвыстай, уыдонæй зæгъын. Бузныг! Дæ бæркæдтæ макуы сихсыйæнт! — Æмæ сæ... Бæргæ, фæлæ... Зымæгмæ мæхицæн... — йæ дзы- хы ныхас нал бадти Дасгайæн. Дисы бацыд, фæткъуытæ уæй куы акодтон, уæд мын цæй хуыны кой кæны, зæгъгæ. Дарддæр йæ бон зæгъын ницыуал баци, цыма йæ хъуыры исты фæбадти, уыйау. 292
Сæхимæ куы ’рцыди, уæд Ахтейæн хабар ракодта. — Нæ бамбæрстон Залдузы. Зыгъуыммæ ныхасгæнаг у, æвæц- цæгæн. Бафхæрдта мæ, æнхъæлдæн, — загъта дисхуызæй Дасга. — Нæ дæ бафхæрдта.Æз уыдонæн нæ загътон, ды фæткъуытæ уæй акодтай, уый. — Æмæ дын, уæдæ уыцы ’хца кæм уыдысты? Уыдонæй сæ не ’рхастай? — Не ’рхастон. Уыцы дыууæ сомы мын Афæхъо радта, æмæ дзы æз дæуæй фæткъуытæ балхæдтон Ирбегæн. Афтидæй ссæ- уын сæм æфсæрмы кодтон. Уыдон мæнæн æппындæр ницы æвгъау кæнынц, фæлæ ды та... — лæппуйæн йæ зæрдæ æрбауынгæг æмæ цæссыгтæ уадултыл æргæр-гæр кодтой. — Ма ку. Де ’хцатæ дын фæстæмæ ратдзынæн. — Ницæмæн мæ хъæуынц. — Уæдæ цæй тыххæй кæуыс? — Ды Залдузы хуызæн хорз нæ дæ æмæ уый тыххæй, — сдзыр- дта Ахте æмæ кæртмæ рацыд йæ цæссыгтæ сæрфгæ. Дасга йæ рæдыд бамбæрста. Уыцы æнæнхъæлæджы хъуыддаг æй йæхимæ æрыхъусын кодта. Цалдæр боны уыдис æнкъард. Бакæсын: Царахаты Таймураз «Тæрхъусæн гыццыл къæдзил цæмæн ис...» (1985), «Амонд æмæ æлдары чызг» (1991). АЙЛАРТЫ ЧЕРМЕН (193Ф-2005) * Айларты Гæбылайы фырт Чермен рай- гуырд 1934 азы 5 июлы Хъарман-Сындзы- хъæуы. Хъарманы астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кодта Цæгат Ирыс- тоны паддзахадон медицинон институты. 1958 азы райста дохтыры диплом. Чермен æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, Хъарманы скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Йæ фыццаг чиныг «Лæппуйы бæллиц» рацыд 1957 азы. Йе сфæлдыстады сæйраг бынат ахсы рæзгæ фæлтæры темæ. Ныф- фыста сын иуæндæс чиныджы: «Цопаны халсартæ», 1963; «Лæ- джы бындзæфхад», 1967; «Бындзи — бæхы барæг», 1971; «Ком- байнертæ», 1976; «Царды суадон», 1983; «Мæ хæдзар», 1986; «Фембæлд», 1987; «Ангинæты чысыл Микъро», 1989; «Саджы хæрæндон», 1997 æмæ æнд. Фыссæджы уацмыстæ цæуынц сывæллæтты зæрдæмæ. Уымæн 293
æмæ сæ ис æвзонг хъайтары уд æмæ зæрдæ, йæ цард æмæ ахуыр, йæ цин æмæ мæт, аивадмæ, лæгдзинадмæ бæллиц. Айларты Чермены уацмыстæ хаст æрцыдысты скъолайы ахуыр- гæнæн чингуытæм. АРВЫ ДИДИНДЖЫТÆ Арвыл сгьалытæ судзынц. Уыдон стъалытæ не сты, сырх ди- динджытæ сты. Кæддæр сæ мæ дада ныссагъта, цæмæй мын арв уа рæсугъддæр, райдзастдæр. Арвы стъалытæ дидинджытæ дæр не сты. Уыдон нæртон адæ- мы артдзæстæй фæхауæг цæхæртæ сты. Иу фыдзæрдæ лæг Æрфæн сæ æрæмбырд кодта. Йæ голладжы сæ ныфсæрста æмæ сæ йе ’ккойы сæхимæ фæцæйхаста. Голладжы бын басыгъд, æмæ цæхæртæ фæндагыл фæкалдысты. Йæ фæд абон дæр ма бæрæг дары. Хуыйны Æрфæны фæд. Иу изæр дæ цæст арвыл ахæсс, æмæ йæ дæхæдæг фендзынæ. Стъалытæ, æнæбæрц стъалытæ, æрдзы сусæгдзинад... Куы байрæзон, уæд арвмæ стæхдзынæн. Æз дæр дзы мæ дадайау ныс- садздзынæн æндæр дидинджытæ. Чи йыл ис, уыдонæй рæсугъд- дæртæ, егъаудæртæ, æрттивагдæртæ. Уырдыгæй дарддæр айгæрд- дзынæн мæ фæндаг æмæ дзы ссардзынæн ног стъалытæ. Адæй- маг кæй нæма зоны, ахæмтæ. Нæмттæ дæр сыл сæвæрдзынæн мæхæдæг: Тых, Ныфс, Уарзондзинад, Уадындз, Ауæдз, Æхсырф... Ныр та уал иу сыгъдæй судзут, арвы дидинджытæ! Судзут æмæ уæ мынæг рухс макуы айсæфæд сау мигъты аууон, топпы- хосы фæздæджы! УАЛДЗÆГ Уалдзыгон фæлмæн къæвда — царды хос, дзæм-дзæмы суа- дон. Цы мыггæгтæм баулæфы, уыдоны мидæг райхъал вæййы цард. Цы уидæгтыл баныдзæвы, уыдон февналынц зæххы сой цъирынмæ. Майы æнæбын цъæх цæстытæм джихæй ныккаст ног сыфтæр- джын хъæд. Арвæрттывд æмæ ивылд дæтты хъæрмæ сæ сæртæ сдардтой нартхоры æвзартæ. Фæрсынц: — Кæй узæлдæй райхъал стæм? Дзуаппы бæсты йын цалхы йас хур зæлдаг тынты баст æрви- ты лæварæн. — Чи у нæ хорзгæнæг? — фæрсынц алтъамийы æрттиваг цæс- тытæ — дидинджытæ. — Цавæр диссаджы фæндырдзагъдмæ рай- хъал нæ къуыбыр? — Уый мæн зарæгæй райхæлд уæ къуыбыр! — йæхи нал бау- рæдта дыгоппон æмæ гыццыл хæдтæхæгау йæ базыртыл йæхи систа æврæгъты сæрмæ. Йæ цъæхснаг зарæг ын рог уддзæф аха- ста сæрвæтмæ. 294
— Уæд мæн та кæй зæлдаг хъæлæс ракæсын кодта уалдзыгон дунемæ? — базмæлыд уыгæрдæны кæрдæг. — Мæ-æ-æн! — йæ хъустæ фæхъил кодта сæгуыты лæппын æмæ йæ мады алыварс чъыллиппæй æркафыд цъæх нæууыл. — Цымæ æз та мæ зымæгон даргъ фынтæй кæй цинæй райхъал дæн? — ныййазæлыд Сылтаныхъы быдыры бæзджын хъæлæс. — Æз æмæ Уалдзæджы цинæй, — йæ дыстæ арфдæр батылдта Хуымгæнæг æмæ ноджы тагъддæр аскъæрдта йæ трактор. Быдыр райхъал. Хуымтæ худынц. Уалдзæг дзæнгæрджытæ цæгъды. ДЫМГÆ, УАДЫНДЗ ÆМÆ СИДЗÆР САБИ Дымгæ ма адæймаджы хуызæн уыди уæд. Хохаг хъæугæрон айнæджы тигъыл бадт хæрзæнахъом саби. Æххормаг æмæ уаза- лæй йæ кæуынмæ дур дыууæ кодта. Нæ йæ уыд иу барæвдауæг, нæ йыл уыд йу фæхæцæг. Дымгæ тынг фæтæригъæд кодта са- бийæн æмæ сцъил и, æркафыд йæ алывæрсты. Йæ уæларвон æрвгъуыз уадындзæй йын ахæм нæртон цагъд æркодта, ахæм, æмæ йæм æгас дунетæ дæр цымыдисæй æрыхъуыстой. Уадын- дзы зæлтæ сæмбæлдысты сывæллоны æнкъард зæрдæйыл. Са- бийæ æрбайрох, стонг кæй уыди, уазал кæй уыди, уый æмæ бахъæл- дзæг. Худын райдыдта. — Авæр мæм, Дымгæ, дæ уадындз, æз дæр дзы ацæгъдон, — æрзоныгыл и лæппу. Сидзæр саби райста Дымгæйы уæларвон æрвгъуыз уадындз, æрцагъта дзы ноджы рæсугъддæрæй. Уыцы цагъды уыди зæр- дæйы маст æмæ хурмæ тырнындзинад. Цагъдмæ атадысты хусса- ры миттæ, урс дидинæг фестадысты комы бæлæстæ. Тæрхъустæ æмæ рувæстæ, бирæгътæ æмæ æрсытæ кæрæдзийы къухтыл ных- хæцыдысты æмæ иу мады хъæбултау Соппæры сæрмæ зæлдаг фæзы кафынтæ систой. — Æнæ уадындзæй мæ бон цæрын нал бауыдзæн! — скарста саби æмæ аскъæфта Дымгæйы уадындз. Йæхи бамбæхста уалæ Арвæрдыны авд авдхуызон дуары фæстæ. Уыцы бонæй ацы бонмæ Дымгæ ссæргой. Агуры йæ диссаджы уадындзы. Нæ йыл фæхæст вæййы æмæ та йæ фырмæстæй нын- ниуы талынг лæгæтты, кæмтты нарджыты. Ныкъкъуыс-къуыс ласы бæлæсты хихты, тохынаты. Агуры, агуры Дымгæ йе стыр хæзна! ÆНÆВДÆЛОН — Мæлдзыг! Уæ, мæлдзыг! Æнцад цæуын нæ зоныс. Уагæры кæдæм фæтындзыс? — Мæ куыстмæ, мæ куыстмæ. Бон цыбыр у, мæн та изæрмæ бирæ бакусын хъæуы. 295
— Мæлдзыг, нарæгастæу, гуырвидауц та цæмæн дæ? — Фæллойы цинæй. Зивæг нæ зонын. Бон мыл кусгæйæ баи- зæр вæййы. — Мæлдзыг, рынчынæй дæ нæма федтон. Æнæниз та цæмæй дæ, æнæниз? — Сæйынæн мын рæстæг нæй, бон-изæрмæ кусгæ кæнын. — Мæлдзыг, дæ царды ницæмæй дæ тыхст. Дæхи та амонд- джын цæмæй хоныс? — Мæ бон кусын кæй у æмæ бон-изæрмæ кусгæ кæй кæнын, уымæй. Мауал мæ хъыгдар, нæ мæ ’вдæлы... — Мæлдзыг, мæн дæр дæуау гуырвидауц уæвын фæнды. Æнæ- низ. Амондджын! — Кусын уарз... МИТЫ КЪУЫБЫЛОЙ Зымæг уалдзæгæн хæрзбон нæма загъта, уæддæр хур дзæбæх тавы. Мит быдыры, хъæдрæбынты тайы, хæхты хурвæрсты фæ- сæлæф, цъуппытыл уыцы дæвдæгæй лæууы. Хуырджын рагъы сæрмæ къæбæда чызгау къæл-къæлæй худгæ кæцæйдæр æртахт даргъкъæдзилджын урсфарс Дзæгьындзæг. Æвæццæгæн, йæ гу- цъайы холыйы уæлдæйттæ ныннадта æмæ ныр кафы, хæрдты хауы. Чысыл къæхæнгонды фæлæууыд тыччыйыйас тымбыл ду- рыл. Дур зымæджы дæргъы зæхмæ сæфтæг уыд, фæлæ ныр йе уæнгтæ айвæзта. Фæстæмæ та куы асæла, уый тæссæй йæ бына- тæй фесхъиудта æмæ ратылд. Дур сæлæф миты йæхи æрбатыхта æмæ дзы рауад чысыл миты къуыбар. Къуыбар уырдыгмæ фæцагайдта. Стырæй-стырдæр кодта æмæ цинæй марди. Æдылы, цас бындæр тулы, йæ гуыбын цас дын- джырдæр кæны, уыйас сæрсæфæнмæ тагъддæр кæй ахæццæ уы- дзæн, уый ’не ’мбары. — Бауром, ноггуырд! Былæй хауыс, — йæ цонг æм бадардта зæбулкъалиу Заз бæлас. Миты къуыбар æй цыма хъусгæ дæр нæ фæкодта, уыйау уыцы зынæрвæссонæй йæ иувæрсты афардæг. — Ды ницыма федтай, фæлæ мах хорз зонæм хæхбæсты æгъдау! — ноджы хъæрдæрæй йæм дзуры Тæгæр. — Æрлæуу, кæннод ныппырх уыдзынæ! «Куыд æдзæстуарзон сты, — хъуыдытыл фæци Миты Къуы- былой. — Куыннæ сæ фæнды мæ сырæзын. Æвæццæгæн, фæтар- стысты, мæ быны сæ куы ассæндон, уымæй». — Нæ, æз сымахæй хуыздæр уынын мæ развæндаг. Сымахыл афæдзмæ уылынджы бæрц йеддæмæ не ’фты, фæлæ-ма кæсут мæнмæ, ныридæгæн цæййас адæн. Цы стут мæ разы сымах?! Хуы- мæтæджы зазтæ æмæ тæгæртæ! Æз та дзæнхъа дур дæн! Æз хох дæн! Цæрын ма уæ кæй фæнды, уый иуварс алæууæд мæ фæнда- 296
гæй! — Сабыр комы фахсыл Миты Къуыбылойы хъæры йеддæмæ ницыуал хъуыст. — Гъе, гъе, гъе-й! Ба-уро-ому-ут уыцы саби-сывæллоны, кæн- нод æрхæццæ æлгъыстаджы ранмæ! — Йæ дзыхы дзаг ныхъхъæр кодта Цъæх Айнæг. Йæ бæзджын хъæлæсæй сау хъæды бæлæстæ ныррызтысты. — Гъе, дæлæ ихрихи зæронд, кæй хоныс ды сывæллон?! Фæ- кæс-ма ныртæккæ дæхимæ, æз дын дæ пакъуы куы нæ ацæгъдон! — дынджыр Миты Къуыбылойæн фæтагъддæр йæ цыд. Æрхæццæ былгæронмæ. — Амæй мæ тæрсын кодтат мæнæ? — æмдзæхгæр тигъæй йæхи фехста, йæ акомкоммæ Айнæгыл йæхи ныццæлхъ ласта æмæ, дæ фыдгул дæр уыйау куы бауид... Айнæджы лæгъз русыл дзы ны- хæстæй цы аззад, иннæ чысыл миты гæлæбутæ баци. Ныссабыр æрдз. Тæфæрфæсгæнæгау ныккасти Заз. Æдзæ- мæй лæууы Тæгæр. — Йæхæдæг уыд аххосджын уыцы хиппæлой. Нæ байхъуыста хистæртæм, — уæззаугай ныуулæфыд Цъæх Айнæг. — Ха-ха-ха! Хиппæлой! Ха-ха-ха! Хиппæлой! — рагъы сæрмæ йæ гæпп-гæппæй нал æнцайы урсфарс Дзæгъындзæг. ЦÆУЫЛ ЗАРЫД ДОН Хъæлдзæг у чысыл хæххон дон. Æндæр ын цыма куыст нæй, уыйау æнæмæтæй зары æмæ хæлæфæй тындзы размæ. — Цымæ æппынæдзух цæуыл фæзары ацы дон? — рог Дымгæ бафарста Бæрз бæласы. — Уый мæнæн зары, — загъта Бæрз. — Æз йемæ тынг хорз цæрын. Ме уæнгты мын цард уый бауагъта. Мæ сыфтæрты мын йæ комулæфтæй уый райхæлдта. — Рæдийыс, къæбæлдзыг сæр, уый мæнæн зары, — йæ ныхас ын айста рогкъах Сæгуыт. — Æз мæ дойны сæттынмæ ардæм фæцæуын. Рагъæй йæм куыддæр æркæсын, афтæ йæ цинæн кæ- рон нал вæййы, æмæ ныззары. Фæстæмæ хизынмæ куы ацæуын, уæд та йæ цъæхснаг хъæлæс бамынæг кæны. Мæн дæуæй фыл- дæр уарзы. — Сымах дыууæйæ дæр раст нæ дзурут, — загъта Дидинæг. — Ацы дон зары мæ райгуырдыл. Æз ма зæххы бын фынæй куы фæкæнын, уæд уый йæ диссаджы зарджытæ зарын байдайы. Рай- хъал вæййын æмæ æппынæдзухæй фæцин кæны мæныл, йæ хъоп- пæгцæст Дидинæгыл. — Раст нæ дæ ды дæр, сырхуадул! — фæхъæр кодта нартхоры Æвзар. — Дон зары æрмæст мæ цинæй. Уалдзæгæй, сæрдæй уый хæмпус зæхмæ фæтырны. Бафсады мын мæ уидаг, ныннæрсын мын кæны ме ’фсир. Æз та зæхкусæджы хæс бафидын. Цыфæн- ды дзурут, уæддæр ацы дон уе ’ппæтæй фылдæр уарзы мæн. Йæ зарджытæ дæр сты мæныл. 297
— Зæгъ-ма, нæ удылхæцæг, кæуыл вæййынц алыхатт дæ зар- джытæ? — куы нæ бафидыдтой быцæугæнджытæ, уæд бафарстой Донæн йæхи. Хæххон Дон йæ цыд фæсабыр кодта æмæ йæ зæлланггæнаг сыгъдæг хъæлæсæй загъта: — Æз зарын, уе ’ппæтæн дæр кæй бæззын, уый тыххæй. Æз кафын, мæ цард уæ пайдайæн кæй у, уый тыххæй. Цы ма ис уымæй хуыздæр æмæ амондджындæр бæллиц?! Абонæй фæстæмæ уын зардзынæн ноджы рæсугъддæр æмæ хъæлдзæгдæр. Хъусут, æз зарын уе ’ппæтæн дæр! ДАУЫРÆ (1935) Йæ зæрдæйы хъарм сабитæн æнæвгъа- уæй чи дæтты, уыдонæй иу у Дауыраты Зойæ (Дауырæ). Дауырæ литературæмæ йæ фæлтæрæй бирæ фæстæдæр æрбацыд, фæлæ аивадæй иппæрд никуы уыд. Хъобаны астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кодта Мæскуыйы Б.В. Щукины номыл уæлдæр театралон училищейы. Каст æй фæцис æнтыстджынæй æмæ авд азы фæкуыста республикæйы куклаты театр «Саби»-йы ирон къорды режиссерæй, фæллой фæкодта телеуынынады, ассистен- тæй сæйраг режиссеры онг. Архайы ирон аивад, ирон æвзаг, ирон æгъдау парахат кæныныл. Дауырæ фыссын райдыдта 1986 азы. Райдианы уыдон уыды- сты рифмæгонд хъарджытæ, зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæтæ, фæ- стæдæр та, сабитæм æрдзон уарзондзинадæй, сæ миддунейы бæ- стон зонындзинæдтæй гуырын райдыдтой, сывæллæттæн сæ зæр- дæтæм фæндаг чи ссары, ахæм æмдзæвгæтæ. 1990 азы рацыд йæ фыццаг чиныг «Мæ къонатæн, мæ хуртæн». Цы чингуытæ ра- уагъта, уыдоныл чиныгкæсджытæ зæрдиагæй сæмбæлдысты («Курдиатгур», «Сæдæйысæр»)... Рæзгæ фæлтæрæн фыссы æмдзæвгæтæ, базон-базонтæ, фæр- стытæ æмæ дзуæппытæ, нымайæнтæ, дзырд-хъæзтытæ. Дауырæ хорз зоны æмæ æнкъары сывæллоны миддунейы вазыгджын æзилæнтæ. Йæ къухы хорз æфты сабийы миддуне равдисын. е ’мдзæвгæтæ сывæллæтты зонгæ кæнынц æрдзы рæсугъд- дзинадимæ, зайæгойтæ æмæ цæрæгойтимæ, се ’мгæрттимæ; ахуыр сæ кæнынц хæрзæгъдау, къæрцхъус уæвыныл, рæстдзинад уар- зыныл. 8 298
БАЗОН-БАЗОНТÆ Чи у царддæттæг нæ зæххæн? -Хур. Ис чысыл æрвад къæдзæхæн? - Дур. Фурды кæсæгтæн сæ марæн? -Сур. У уæзы чысылдæр барæн? - Мур. Чи у адæмæн сæ дарæг? — Зæхх. Чи дугъ кæны? Бæх йе барæг? — Бæх. Уæдæ циу йæ хос æдзæххæн? — Цæхх. Уалдзæг цавæр хуыз ис зæххæн? — Цъæх. Райсом изæрыл цы бæтты? — Бон. Зæгъ, дæ дойны дын цы сæтты? - Дон. Тынг садджын кæны бæгæны... - Зад. Хорз лæгимæ ’мдзу цы кæны? - Кад. Зæххы зондджындæр цæрæгой? — Лæг. Циу рæхысы хай æмцæгой? — Цæг. Зад кæрдæгыл сæрд фæхизынц... - Фос. Халамæрзæнæй цы ссивынц? - Хос. ФЫНДЗ ÆМÆ ХЪУСТÆ Лæппу сныв кодта цæсгом: Ных — пыхцыл. Иу цæст — цъынд, Цæстытæн ыскодта хаутæ, Иннæ — гом. Æрфгуытæ — къæлæт, сæнтсаутæ. Рустæ — сырх, Ныв сæры хуызæн хъæлæкк у. Роцъо — цыргъ. Зæгъ: цы ферох кодта лæппу?.. Дзых — гыццыл, (Фыидз æмæ хъустæ) 299
БИРÆ ЦÆР! Цъиуы цъиусур Цъуйыл — цъипп: — Цъипп, цъипп, цъипп, Цъипп, цъипп, цъипп. Лæппу цъиусурыл — æхситт: — Къуысс-къуыззитт, Къуысс-къуыззитт. Цъиусур цъуйæ Пæр-пæррæст, — Пæр-пæррæст, Нал æй ахсы Пыхсы цæст, Пыхсы цæст. Цъиу — цъыбар-цъыбур, Пæр-пæр, пæр Пæр-пæр, пæр. — Цырддзаст лæппу, Бирæ цæр, Бирæ цæр! ЛÆДЖЫ БЫНДЗÆФХАД Мæн Дада лæджы бындзæфхад хоны, Иунæг куыст æнæ мæхи нæ зоны. Кау бийгæйæ йæм фæдæттын уистæ, Хъæллæгътæй фæбæттын æз куыристæ. Суг лыггæнгæ ласын хырх мæхимæ, Ерыс кæнын тынг зын у мæнимæ. Похци ласгæ сæрбосыл фæхæцын. Æз æрмæст æгуыст рæстæг фæлмæцын. Мæн дада лæджы бындзæфхад хоны, Ныр лæг дæн, уый Дада нæ зоны. АФТÆУÆВИНÆУ? — Ис нæ бур хъугæн къæлæу. Афтæ нæу? — Афтæ нæу. — Бирæгътимæ хъазы цæу. Афтæ нæу? — Афтæ нæу. — Пылæн, дам, йæ хуыз сырх у. Афтæ у? — Афтæ нæу. — Судзины бырынкъ цыргъ у. Афтæ у? — Афтæ у. — Гæды хизынмæ цæуы. Афтæ у? — Афтæ нæу. — Кæсаг, дам, хъæрæй кæуы. Афтæ у? — Афтæ нæу. — Теуайы рагъ, дам, лæгъз у. Афтæ у? — Афтæ нæу. — Фаст хъæдæн йæ ном фæхс у. Афтæ у? — Афтæ у. — Хъæды цæрæг фос — сырд у. Афтæ у? — Афтæ у. — Цæфхадсадзæг та куырд у. Афтæ у? — Афтæ у. 300
ГУЫРДЗЫБЕТЫ БАРИС (193Ф-2009) & Гуырдзыбеты Барис райгуырд 1934 азы Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы Сырх Дыгуры хъæуы. Бирæ азты фæкуыста Дыгуры мидхъуыддæгты хайады. 1987 азæй фæстæмæ куыста газет «Дигорæ»-йы ре- дакцийы. Йæ фыстытæ мыхуыргонд цыдысты нæ республикæйы газетты, журналтæ «Мах дуг», «Ногдзау», «Ирæф»-ы.... Йæ радзырдты фыццаг æмбыр- дгонд «Цуаноны фæндæгтæ» мыхуыры рацыд 1975 азы. Зынд- гонд уырыссаг фыссæг А. Чехов фыста: «Афтæ мæм кæсы, æмæ цæрæгойты фæразондзинад, иузæрдиондзинад, æнæхиндзинад сабимæ хуыздæр æмæ арфдæр бахъарынц адæймаджы æнæкæ- рон амындтытæй». Ацы хъуыды уæлдæриуæг кæны Гуырдзыбе- ты Барисы сывæллæттæн фыст радзырдты дæр. Аив æмæ цæс- туынгæ равдыста цæрæгойтæ æмæ мæргъты цымыдисаг цард фыссæг йе сфæлдыстады. Уымæн ын афтæ бауарзтой сабитæ йæ чингуытæ: «Бæлæтты хох» (1978), «Ирвæзынгæнæг» (1981), «Ласкæ» (1987)... ÆХЦАДОН Сослан æмæ Годтан иу сыхы цæрынц, æмæ сæ хъазт, се скъо- ламæ цыд иумæ у. Бадгæ дæр иу партæйыл кæнынц. Иубон скъоламæ цæугæйæ Сослан фæндагыл ссардта кæйдæр æхцадон. Разындис дзы фондз гæххæттын æхцайы тумантæ-ту- мантæ. — Мæнæ диссаг! Цом къафеттæ дзы балхæнæм, — цингæн- гæйæ сдзырдта Годтан. — Уый та куыд?! Искæй æхцатæй? — Годтанмæ сагъæсхуы- зæй бакаст Сослан. — Уæдæ ма сын сæ хицауы кæм ссардзыстæм? — йæхи раст- гæнæгау дзуапп радта Годтан. — Æрдæбон нæ федтай? Ауылты фæцæйцыд фалæсыхаг зæ- ронд ус Фаризæт. Чи зоны, уымæй ахаудтой æхцатæ. Уыцы хъуыды раст фæкасти Годтанмæ дæр æмæ загъта: — Скъоламæ æрæджы кæнæм, фæлæ йын æнæ ссаргæ нæй. Зæронд ус тæригъæд у. Æмæ азгъордтой фаллаг сыхмæ. Фаризæты баййæфтой кæр- ты бандоныл бадгæ. — Дæ бон хорз, нана, — æмхъæлæсæй сдзырдтой лæппутæ. 301
— Уæ ныййарджыты фæндиаг байрæзут, мæ хуртæ, — æнкъар- дæй раарфæ кодта зæронд ус. — Гыццыл раздæр уынджы æхцадон ссардтам, æмæ кæд дæу у? — афарста Сослан. — Фондз туманы дзы и, — Сосланы ныхасыл афтыдта Годтан. — Уæ рынтæ уын ахæрон, — фæрухс ис Фаризæты цæсгом. — Уыдон мæ сæфт лæппуйы пенсийы капеччытæ сты. Йæ иунæг байзæддаг горæты ахуыр кæны, æмæ сæ, зæгъын, уымæн арви- тон. Автобусы лæууæнмæ куы схæццæ дæн, уæд раздарæны дзып- пы мæ къух акодтон, æмæ нал... Лæппутæ радтой æхцадон зæронд усмæ. — Фæлæуут, фæлæуут! Истæмæйты уæ арæвдауон, — йæ бы- натæй фестади Фаризæт. — Бузныг, нана! — дзуапп радтой лæппутæ æмæ скъоламæ агьæбæртт ластой. ÆНУВЫДДЗИНАД Фæззæг. Æрхæццæ хурæн йæ балцы кæрон. Гыццыл рæстæг ма — æмæ хæхты фале фæуыдзæн. Чыртæ-чыртæ бадæг урс мигътæ ныгуылæг хуры фæстаг тынтæм сырх адардтой. Сæ рæ- сугъддзинад адæймаджы æргом йæхимæ здахы. Зæрдæйæн цы- дæр æнæкæрон æхсызгондзинад дæтты. Цалдæрæй хохрæбын æрдузы нæ фæллад уадзæм. Цуаны нæ къухы цы гыццылтæ баф- тыдис, уыдон рифтæгты бæстон кæнæм. Хæрзчысыл рæстæг — æмæ нæ фæндаг адардзыстæм хъæуырдæм. Уыцы афон нæ сæрты ленкгæнæгау æрбатахтысты урс-урсид даргъкъубал хъазтæ. Нæ каст уыдонмæ скодтам. Хъус æнцонæй ахсы сæ базырты сыф-сыф. Фæлæ диссаг. Æвиппайды къордæй сæ иу фæхицæн. Цалдæр сæрбихъуыройы — æмæ зæхмæ йæ ных сарæзта. Йæхи æруагъта махæй гыццыл дарддæр æрдузмæ. Фæ- тагъд кодтам йæ размæ. Уый мах фенгæйæ къудзитырдæм ный- йарц. Нæ фæцарæхстыстæм, зæгъгæ, уæд, æнæмæнг, бæлæсты æхсæн æрбатар уыдаид. Цы фыдбылыз ыл æрбамбæлд, зæгъгæ, йæ æрысгæрстытæ кодтам. Кæйдæр æгъатыр къух æм бахæццæ — фехста йæ: галиу базыр æмбисыл бамур. Иутæ загътой: «Нал фервæздзæн, — аргæвдæм æй». «Кæд байгас уаид йæ хъæдгом, немæ йæ ахæссæм», — дзырдтой иннæтæ. Цалынмæ ныхæстæ кодтам, уæдмæ нæ сæрмæ фæзынд дыккаг хъаз. Нæ сæрмæ цал- дæр зылды æркодта. «Хъи-хъи-хъри-и-и», — райхъуыст йæ хъæр, æмæ йæ тъупп нæ цурмæ фæцыд. Батылдта ма йæ базыртæ æмæ басабыр. Цы хабар уа, зæгъгæ, дис кæнæм. — Мыййаг, кæд рынчын уыдысты, — сдзырдта не ’мбæлттæй чидæр. Ныхæстæ сарæх сты. Фæстагмæ нæ къорды хистæр Таму загъта: — Ам диссагæй ницы ис. Хъазтæ æнувыд сты кæрæдзийыл. Дыууæйæ иуыл исты фыдбылыз æрцыд, зæгъгæ, уæд иннæ хæргæ 302
нал фæкæны, нал дæр дон фæнуазы, афтæмæй йæ адзал ссары. Ацы дыууæйæ иуыл топпы нæмыг сæмбæлд. Асаст йæ хъару, æрбадтис æрдузы. Йæ царды ’мбал уыцы æвирхъау хабарæн нæ бафæрæзта æмæ йæхи зæххыл ныццавта, — фæцис йæ ныхас Таму. Рараст стæм нæ хæдзæрттæм. Кæд æй фервæзын кæниккам, зæгъгæ, немæ рахастам цæф маргъы дæр. Цы нæ йын кодтам: хорхъуаг, донхъуаг æй нæ уагътам. Суанг ма йæм дохтыры дæр æрбахуыдтам. Фæлæ дзæгъæлы. Нæдæр хæринагмæ, нæдæр донмæ æрæвнæлдта. Къуырийы фæстæ амард. ФÆСМОН Нæ хъæубæсты разагъды цуанон хуыдтой зæронд Асæхъойы. Йæ къухы чи бафтыд, уыцы хъæддаг сырдтæ сæдæйæ фылдæр раджы фесты. Ацыд цуаны, уæд искуы-иу хатт, æндæр афтидар- мæй никуы здæхтис хъæумæ. Иугæр сырдмæ бахъавыд, уæд — дæ фыдгул дæр афтæ. Уайтагъд-иу йæ тъæпп зæххыл фæцыдис. Цæстæй дæр афтæ рæвдз уыдис, хъæды æвадат кæмттæ, мæс- чъыты дæр ын бирæ цуанæттæ йæ раз нæ ахстой. Фæлæ диссаг, фæстаг рæстæг йæ къæхтæ иуран ныссагъта. Нал ацыд цуаны. «Фæзæронд дæн, мæ цæст мæ сайын байдыдта», — вæййы йæ дзуапп, цом ацуан кæнæм, зæгъгæ, йæ куы баййарынц, уæд. Нæ, æндæр цыдæр æфсон ис уымæн, æндæр Асæхъо цуаныл йæ къух нæ ауыгътаид. Айфыццаг сæм цæмæдæр гæсгæ бауадтæн. Йæ би- нойнаг цыдæр дзаумæттимæ архайдта. Æндах æй судзины хуын- чъы аласын бахъуыд, æмæ йæ Асæхъо уайтагъд аласта. — Ай ма æрыгæттæй уынагдæр куы дæ, уæд цæй æфсæнттæ æрымысыдтæ, цуаны цæуылнæ ауайæм? Асæхъо мердæм æрбакаст. Йæ мидбылты бахудтис æмæ йæ сæр кувæгау батылдта. — О мæ кæстæр æрдхорд, кæд мæ дæ ныхтæ цы ныссагътай. Нал мæ фæнды æмæ нал цæуын сырды фæдыл. Цы загътаин æз, ныхъхъус дæн, уæдæ цы уыдаид. — Ехх, мæ лымæн лæггаг, æз хæтæнты цæй тыххæй нал цæуын, уыцы хабар дын куы радзурон, уæд ды дæр мемæ сразы уыдзынæ. Уый нæ, фæлæ ма мæ дæ уайдзæфты бын дæр фæкæндзынæ. — Уыйбæрц дæхимæ кæм смæсты дæ, уым, æвæццæгæн, исты фыдбылыз сарæзтай. — Фыдраконддзинад у, уæдæ цы, — дзуапп радта æмæ рай- дыдта дзурын. — Уæдæ цуаны дæр куыд нæ ахаттæн, цæуæнты дæр куыд нæ ацыдтæн. Кæд хъæддаг фосæй исчи фæхайджын, уæд дзы æз дæр æнæхай нæ баззадтæн. Уæдæ дзы, иу гæрахæн дыууæ кæд æрфæлдæхтон, ахæм бонтæ дæр уыд. Æрмæст уыцы хатт... Уый мæхицæн нæ ныббардзынæн. Гадзрахатæй рацыдтæн уыцы æвæджиау зондджын сырдыл. Уый мыл ас лæгау баууæн- дыд, ауагъта мæ мæ фæндагыл. Æз та... — Цæй-ма, цы хынджылæг скъæрыс! — сдзырдтон æз. 303
— Фарон уыдис уый. Ноябры фæстаг бонтæй иуы, хорз ма йæ хъуыды кæнын. Изæрæй мит рауарыд. Цуан кæнынæн хуыздæр бон нæ хъуыд. Æз ме ’мбæлттыл æрзылдтæн, райсом нæ хæтæнты æрзилæм, зæгъгæ. Раст цыма ныхас бакодтой, уыйау дзы иу дæр разыйы дзуапп нæ радта. Мæ фæнд нал аивтон æз. Мæ сечкæ ме уæхскыл, афтæмæй фæраст дæн. Мæ фæндаг адардтон, цы дыууæ арсбадæн хуыккомы зыдтон, уырдæм. Хур дзæвгар стылдис арвы хъæбысы. Урссæр хохы тигътæ æрттывтытæ скалдтой. Цæст сæм зынтæй фæразы кæсын. Ног- уард митыл мæ цæст нырма сырды фæдыл нæма æрхæцыд. Иу комæй иннæмæ, иу адагæй иннæмæ тындзгæ лæгæрдын размæ. Схæццæ дæн æрхмæ. Диссаг, мæ тæккæ комкоммæ дон-дон æрцæуы дынджыр мадæл арс. Æз æй федтон æмæ мæхи фехсынæввонг æрцæггæ кодтон. «Хæстæгдæр æй æруадзон», — хъуыды кодтон мæхицæн. Сырд, уæлдайдæр та арс, уайтагъд мæ бамбæрста æмæ æрлæууыд йæ мидбынат. Райхъуыст йæ гуым-гуым. Æз цавддурау фæдæн. Гъа ныр мæнгвæдæгыл æрбахæцон, зæгъгæ, — уый фæс- тæмæ азылд, йæ фæд-фæд сабыр араст. Афтæ мæм фæкаст уыцы рæстæг, цыма мемæ ныхас бакодта: «Цæй, кæрæдзийæ цы дарæм? Ды дæ фæндагыл ацу, æз дæр». Иурæстæджы мæ фæнд аивтон, топп зæхмæ æруагътон, фæлæ... Йæ фæдыл бауадтæн. Арс æнцад- æнцойæ йæхицæн фæцæуы. Дыууæхстон æм фæцарæзтон. Рай- хъуыст гæрах. Бурдзалыг йæ бынаты цъилау ныззылд. Йæ богъ- богъæй алфамблай ныццарыдта. Цас ма рацыд, æмæ йе рагъыл æрхуыссыд. Зыдтон, арс йе рагъыл æрхуыссыд, уæд йæ мæлæт æрхæццæ. Топп мæ къухы, афтæмæй бацыдтæн йæ цурмæ. Уый хуыссы æмæ мердæм æрбадзагъул кодта. Йæ раззаг къæхтæй бам- бæрзта йæ цæсгом æмæ æнæхъару кæуæгау уынæргъд ныккодта. Мæнмæ афтæ фæкаст, цыма мæ уайдзæфты бын фæкодта: «Æз дыл баууæндыдтæн, лæг дæ фæхуыдтон, ды та мыл комдзог рацыдтæ». Бирæ нал рацыд, æмæ æрсабыр. Æз æм бынтон хæс- тæг бацыдтæн. Гыццыл ма бахъæуа æмæ мæ цæссыг ма фемæхса. Зымæджы дуармæ йын мæ кæрæфдзинадæй йæ хъæбулты фæ- сидзæр кодтон. Æвæдза, сæ цæссыг та уыдон калдтаиккой. Æз нал бавнæлдтон мæ амæттагмæ. Ууыл цæуы ныр æнæхъæн афæдз. Мæ дыууæхстон къулыл сауыгътон. Мæхицæн загътон: «Мæнæй- уый цуаны нал ацæудзæн...» Уыцы бонæй фæстæмæ Асæхъоимæ цуаны тыххæй ныхас никуы- уал рауад. Кæй бафæнддзæн искæй хъæдгомыл цæхх кæнын? ХЪÆДЫ МЕЛОДИ (Этюд) Хъæд. Кæддæры абырджыты æмбæхсæн. Стигьæг бал, тудж- джынты цæрæнбынат. Фæсте аззадысты уыцы бонтæ. Какон сындз, хъамыл, судзгæ пысыра æрзади сæ къахвæндæгтыл. Раджы бамы- 304
нæг сты сæ топпы гæрæхтæ... Фыдбылызы бахауæг бæлццоны удаист сонт хъæртæ, удисæг адæймаджы хъæрзын... Рæстæг дугъон бæхау у. Бонтæ ивынц бонты. Ныр æндæр у йæ хъысмæт хъæдæн. Бацу йæм — ныхъхъæбыс дын кæндзæн, барæв- даудзæн дæ. Рог æмæ сыгъдæг уæлдæфæй дæ риуыдзаг сулæф — æвдадзы хос буарæн. Зæххы бынæй æвзæргæ суадоны сусæг сусу- бусу, бæлæсты сыфтæрты иугæндзон сыбар-сыбур, хъуытасхъæ- лæс мæргъты цъыбар-цъыбур адæймаджы буар æхцон хъыдзы кæ- нынц. Уæнгты тых æнæкæрон бирæ кæны. Рог уддзæф буарыл ныййарæджы къухтау фæлмæн йæхи расæрфы, дзыккутæ афасы. Ставдзæнг, арвмæ фæцæуæг бæлæстæ æгомыгæй лæууынц. Нæ, нæ, уыдон бынтон æгомыг не сты. «Махмæ кæс, нæ хураууоны дæ фæллад суадз», — æрбайхъуысы сæ дзырд. «Рацу ардæм, дæ дой- ны суадз», — дзуры сæ бынæй æвзæргæ суадон. Арвы риуæй æрггивгæ хуры зæрин хаутæ тыбар-тыбур кæнынц бæлæсты цъуп- пытыл, симды æрхæцыдысты, сæ къахфындзтыл кафынц. Бæлæс- ты сыфтæртæ сын къæрццæмдзæгъд кæнынц сæ иугæндзон пæр- пæрæй. Æвæджиауы зæрдæмæдзæугæ мелоди... ИКЪАТЫ ВЛАДИМИР (1936-1990) ® Икъаты Антъоны фырт Владимир рай- гуырд 1936 азы Хуссар Ирыстоны хæххон хъæу Соцъийы. Астазон скъолайы фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Цхинвалы педагогон техникуммæ æмæ йæ 1958 азы каст фæцис иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ. 1958—1963 азты ахуыр кодта Хуссар Ирыстоны педаго- гон институты филологон факультеты. Куыс- та мыхуыры оргæнты, радиокомитеты. 1969 азы фæсаууонмæ каст фæцис Кировы номыл Казахты паддзахадон университеты жур- налистикæйы факультет. Владимир йæ æрвылбоны сфæлдыстадон куыст æмæ архай- дæй цæстыгагуыйау хъахъхъæдта ирон дзырд, ирон аивад æмæ литературæйы фарн. Йæ фыццаг æмдзæвгæ мыхуыры фæзынд 1956 азы. Чиныг «Уалдзæг» у нæ чысыл хуртæн йæ фыццаг лæвар. Рæзгæ фæл- тæрæн фыссын тынг зын у. Цæмæй фыссæг сабийы зæрдæмæ фæндаг ссара, йæхиуыл æй баууæндын кæна, уый тыххæй хорз хъуамæ арæхса сывæллæттимæ ныхас кæнынмæ, йæ алыварсы царды фæзындтæ аив æвзагæй райхалынмæ. Икъаты Владимир 20 Ирон Л1гтературæ сывæлл.тттæн 305
хорз зыдта иæ чысыл хæлæртты зæрдæиы уаг, сæ цинтæ æмæ сæ бæллицтæ æмдзæвгæты рæнхъытæм рахæссын дæр йæ къухы баф- тыд. Поэт сабиты ахуыр кодта райгуырæн бæстæйыл æнувыд уæвыныл, фæллой уарзыныл, æрдзыл аудыныл, гуманизмыл («Мæ чысыл хуртæн», «Нæхи дада», «Тæрхъус», «Мæ талатæ», «Загъдкъахæгæн — над», «Горæтæй хъæумæ» æмæ а.д.) ТÆРХЪУС Тæрхъус, ма тæрс, Рацу ардæм, Иумæ хъазæм, иумæ, мах. Зон, дæуæй мæ Никуы хæссы Никæдæм бынтон мæ къах. Ды рæсугъд дæ, Ды — зæлдагхъуын, Ды — цæрдæг æмæ хæлар. Хъазынц сабитæ кæрты — Хъæлдзæгæй. Хъазты иу лæппу змæпты — Барвæндæй. 306 Мемæ ракаф, Мемæ расим, Мемæ ахъаз æмæ зар. Иумæ, иумæ, Мах, хæлæрттау, Хъæлдзæг арвитæм рæстæг. Галиу сырдтæ, Галиу мæргътæ Махмæ уадз кæной хæлæг. Алкæй хъазæн дзы исы, — Бакæс æм: Кæрт йæ уæлныхты исы, — Ау, цæмæн?! БÆЛОН Булæ, булæ, гæбулæ, Ратæх тагъддæр мæ цурмæ, Рахæсс-ма мын дæ зарæг, — Хуры тынтæ, цъæх уалдзæг. Урс бæмбæгау — дæ пакъуы, — Хъæрццыгъа дæм фæхъавы. Гинойæн дæр — йæ бæллиц, — Сусæгæй дæм куы ’ххæссид. Ма сыл æууæнд æппындæр, — Хъалы æмæ фыны дæр. Рауай, ахъаз мæнимæ, Рудзынджы цур, нæхимæ. Ратдзынæн дын баппатæ, Бур мæнæутæ, — гагатæ. ЗАГЪДКЪАХÆГÆН - НАД
«Ма кæ, ма кæ» йын дзурынц — Сабырæй, «Ахъаз махимæ, — курынц, — Нæ хылæй». Фæлæ нæ хъусы галиу, — Ногæй та Систа иу пыхсы къалиу, — Сонтæй та: — Цъыкк кæйдæр русæн, — Риссаг. Ау, цæмæн афтæ? — Диссаг!.. Чидæр рамæсты уайтагъд, Фестьæлфыд, — Галиу лæппуйы сау над — Фендæуыд. АЛЦЫ - ХАЙГАЙ — Мæкъуыл, куыд амад дæ? — Халгай... — Денджыз, куыд сæвзæрдтæ? — ’Ртахгай... — Мæсыг, куыд арæзт дæ? — Дургай... — Дуне, куыд кæнгæ дæ? — Мургай... — Æмбонд, куыд бийгæ дæ? — Уисгай... — Хъисын, куыд уафгæ дæ? — — Хъисгай... — Буар, куыд арæзт дæ? — Уæнггай... — Лæппу, куыд байрæзтæ? — Бонгай... ДИДИНÆГ Уалдзæджы донгæрон Дидинæг райгуырд. Урсбазыр, урсбæлон, — Зæрдæ йыл атыхст. Загътон мæхицæн æз: Сисон æй къухмæ Æмæ йæ сæвæрон Рудзынгыл, рухсмæ. Фæлæ фæджихау дæн, — Ракаст мæм зулмæ: «Бауадз мæ, байрæзон Уалдзыгон хурмæ». НÆХИДАДА - О дада, буц дада, - Хатæм дæумæ: — Ракæн нын аргъæуттæ, Ракæн — сæдæ. Азар нын зарджытæ, Азар хъæрæй, Ракæн нын кадджытæ Нартыл фæрнæй. Мæнæ, дæ цуры стæм, Не ’ппæт — тыгуыр. Иумæ дæм байхъусæм, Иумæ нывыл. Зæрдыл сæ бадарæм, Зæрдыл — бæстон. Мах дæр сæ ракæнæм Искæмæн сом. 307
ДЗАСОХТЫ МУЗАФЕР (1937) & Дзасохты Созырыхъойы (Сосыгкойы) фырт Музафер райгуырд 1937 азы 10 янва- ры Æрыдоны районы Красногоры хъæуы. Астæуккаг скъолайы фæстæ каст фæци Цæ- гат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон педагогон институты историон- филологон факультет æмæ Мæскуыйы СЦКП-йы ЦК-йы цур Уæлдæр партион скъола. Бирæ азты фæкуыста газет «Рæстдзинад»-ы культурæйы хайады сæргълæууæгæй, уыд фæсивæды газет «Молодой комму- нист»-ы редактор, телеуынынад æмæ радиохъусынады паддзаха- дон комитеты сæрдары хæдивæг. 1985 азæй фæстæмæ та кусы журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редакторæй. Фыссæг йе сфæлдыстадон фæндаг райдыдта æмдзæвгæтæй. Йæ фыццаг чингуытæ «Фыды фарн» æмæ «Ракæндзынæн дын мæ зарæг» мыхуыры фæзындысты XX æнусы 60-æм азты. Фæс- тæдæр йе ’ргом аздæхта прозæмæ. Цы бирæ чингуытæ ныффыс- та, уыдонæй авд уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй рацыдысты Мæскуыйы рауагъдæдты. Йе ’мдзæвгæтæ ивд æрцыдысты индиаг, мангойлаг, болгайраг, украинаг, цæцæйнаг, авайраг æмæ æндæр адæмты æвзæгтæм. Дзасохы-фырт йæ хъус дары тæлмац кæнынмæ дæр. Хицæн чингуытæй рауагъта Хетæгкаты Къостайы «Дзæбидырдзуан», Василий Шукшин, Чингиз Айтматов æмæ Омар Хайямы уац- мыстæ. Ирон æвзагмæ цы бирæ радзырдтæ, пьесæтæ æмæ по- весттæ ратæлмац кодта, уыдонимæ сты Уильям Шекспиры со- неттæ дæр. XX æнусы 70-æм азты фыссæг уæлдай тынгдæр йе ’ргом аз- дæхта сывæллæтты литературæмæ. Чиныгуадзæн «Ир» æмæ Мæс- куыйы «Сывæллæтты литературæ»-йы рауагъдады ныммыхуыр кодта цалдæр чиныджы: «Арсы уазджытæ», 1971; «Уалдзыгон стъалытæ», 1973; «Бехъаны мугæ», 1978; «На берегу Уршдона», 1982 æмæ æндæртæ. Уацмыстæн хорз аргъ скодтой чиныгкæс- джытæ æмæ периодикон мыхуыр. Музаферы радзырдтæ æвзонг фæлтæры зонгæ кæнынц, хæст уæззау уаргъ цы сидзæр сывæл- лæтты уæхсчытыл æрæвæрдта, фæлæ уæддæр хъысмæтæн сæт- тын чи нæ бакуымдта, уыдоны царды хабæрттимæ; хъæды зайæ- гойтæ æмæ цæрæгойты дунеимæ. Дзасохты Музафер сывæллæттæн цы уацмыстæ ныффыста, уыдон сты «фæлмæн, ныллæг хъæлæсæй конд зарæджы хуызæн, хорз лæвар сты æвзонг чиныгкæсджытæн». 308
МÆКÆСТÆРМÆ Мæ ныхæстыл нæ хъæуы дис, Фæлтау сæ риуы арф нывæр: Кæд дын æрдхæрдтæ бирæ ис, Дæ тых уыдзæни уæд дывæр. Æргом зæгъон мæ хъуыды, цæй, Кæннод зын хæссæн у йæ уаргъ: Кæд дын, мыййаг, æрдхæрдтæ нæй, Уæд ды — æнæбазырæй маргъ. ХИСТÆР ÆМÆ КÆСТÆР Хистæрæн кæстæр куы дæтта æгъдау, Кæстæрмæ ничи æрхæсдзæн уæд фау. Хистæрæн кæстæр куы райса йæ уаргъ, Кæстæрæн алкæм уыдзæни уæд аргъ. Хистæрæн кæстæр куы ратта бынат, Кæстæр уыдзæни уæд хорзыл нымад. Кæстæр куы фæрса йæ хистæры зондæй, Кæстæр уæд никуы фæрæдидзæн сонтæй. НОГАЗ Алы бон цæут æгас, Алкæмæн нæ хуын æрхаста Митын Дада, Зазбæлас! Аив хуыд дзæкъулы бастæй. Ног аз нæм æрцыд уæ фæрцы Кафæм, зарæм; хъуысы дард Урс-урсид бæмбæджджын кæрцы. Цины хъæр, фæндыры цагъд. ТАГЪД ДОН ФУРДЫ НЕ ’ЙЙАФЫ — Уæдæ мæ цъында цы фæуыдаид? — кæуынхъæлæсæй дзу- ры Алмахситт. — Кæй цæмæн бахъуыд дæ цъында?! — раздæхти йæм йæ мад Хъаллæ. — Кæд та дын искуыдæм бахауд. Сынтæджы бын-ма йæ фен. Цал хатты дын загътон, изæрæй куы хуыссай, уæд дæ дзау- мæттæ дзæбæх æфснай, зæгъгæ?! — Æмæ сæ нæ бафснайдтон?! Дысон дыууæ цъындайы дæр бандоны къахыл æрцауыгътон, æмæ дзы иу цыдæр фæци. — Рацагур æй. Уым искуы уыдзæн. — Æвæццæгæн æй исчи сугтимæ пецы баппæрста, — бынтон- дæр стыхсти лæппу. 309
— Арт куы нæма скодтам, уæд дын æй цавæр пецы баппæр- стæуыд? — тызмæгæй йæм сдзырдта Хъаллæ. Алмахситт къулмæ сахатмæ скасг, æмæ йæ цæсгом анцъылдтæ: — Цалынмæ уый агурон, уæдмæ мын скъоламæ байрæджы уыдзæн. — Уый тыххæй чысыл раздæр стын фæхъæуы райсомæй, — йæ уайдзæф та йæм баппæрста Хъаллæ. — Ды æмбисбонмæ фæ- хуыссыс. Æмæ куы дæ чиныг байрох вæййы, куы — дæ тетрад, ныр та дæ цъында фесæфт... Хъаллæ йæхæдæг дæр уаты къуымты æрзылди, фæлæ куы ницы ссардта, уæд шифанерæй дзыхъхъынног цъындатæ райста. — Гъа, æмæ та-иу адон дæр ныйиугай кæн, — загъта мад æмæ Алмахситты цур æрлæууыд. Лæппу цъындатæ райста æмæ сæ йæ къахыл бары. — Дæ зæронд цъында уал ралас, æмæ сæ скæн, æндæр сын афтæмæй цы базондзынæ, — загъта Хъаллæ æмæ йæ фырты раз дзуццæджы æрбадт. Алмахситт йæ цъында ласынмæ фæци. Куыддæр ыл дæлæмæ æрхæцыд, афтæ йе ’нгуылдзтæ андзыг сты. Йæ цæсгом асырх... Йæ дыууæ цъындайы дæр разындысты иу къахыл... МЫСТЫ ТÆРИГЪÆД Цæллаты Ладейæн Æхсæвы тарæй фæссихæрттæм хъæды фæхаттыстæм. Цуанон фистæгæй цæуынæй фылдæр цы кæны, фæлæ уыцы бон тынг бафæлладыстæм. Ноджы сырды мыггагæй ницæуыл сæмбæлдыс- тæм, æмæ ма ныл уый дæр æртæфсти. Фæззæг фæци, афтæмæй зымæг кæмдæр ныффæстиат. Цыма йæ уызыны къæхтыл сæвæрдæуыд, уыйау нал æмæ нал хæццæ кодта. Хуры дæр ма æндæр цы хъуыди. Кæд æм фыццаджы тых нал уыд, уæддæр кæсыныл нæ ауæрста. Хъæды бæлæсты бирæ сыфтæртæй алкæмæн дæр хицæн ахорæн ссардта æмæ сæ æрхау- ыны размæ цæстуарзонæй сахуырста. Нæ фæллад къæхтæ нæ тæгæры бынæй нал ахастой. Йæ ныл- лæгдæр къалиутыл нæ топпытæ æрцауыгътам, нæхæдæг æхсæр- къутæрты цур хъамылæй æмбæрзт фахсмæ бацыдыстæм. Нæ дзаумæттæ иу ран æрæвæрдтам, уæдæ цы уыдаид, æмæ нæ алчи йæ хордзен халынмæ фæци. Фæсхæрд фæхъæлдзæгдæр стæм. Æз ницы дзырдтон, фæлæ ме ’мбæлтты ныхасмæ мæ хъус дардтон, æмæ-иу иннæты хуызæн, ныхас цавæр уыд, уымæ гæсгæ, куы мæ мидбылты бахудтæн, куы та-иу мæ дыууæ æрфыджы кæрæдзимæ æрбацæйцыдысты. Уалынмæ мæ хъустыл цыдæр сыбар-сыбур ауад. Аивæй, уынæр кæцæй райхъуыст, уыцырдæм фæкастæн æмæ тæгæры бын мыст ауыдтон. Æваст сыфтæрты æхсæн фæцыдæр. Иуцасдæры фæстæ 310
та ногæй йæ сыбар-сыбурмæ фæкастæн. Уыцы тагъд-тагъдæй хуын- чъы фæмидæг. Æрдæбон дæр, æвæццæгæн, уырдыгæй схызт, æз æй нæ федтон, æндæр. Ногæй та ныхасгæнæгмæ хъусыныл фæдæн, фæлæ мæ мыст дæр рох нæ уыд. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу фæстæмæ фæкастæн. Мæхинымæр хъуыдытыл фæдæн, уæле ма йæ цы хъуыддаг ис, йæ хъарм бынатæй йæ цы сыстын кодта æмæ ацафон миты хъæ- пæнтæ кæм вæййы, уым дугъ цы систа, зæгъгæ. Ме ’мбæлттæй йæ ничи бафиппайдта, æмæ йæм бынтондæр ме ’ргом раздæхтон. Нæ ныхæстыл фæцахуыр, æви йæ æддæмæ æхсызгон хъуыддæгтæ хуыдтой — нæ зонын, фæлæ та иуафон хуынчъы был фæзынд. Дыууæрдæм цалдæр хатты йæ цæстæнгас фехста, иннæты æхсæн мæнмæ фæкомкоммæ, йæ цæстыты æрттывд мыл уысмы бæрц афæстиат, стæй фæстæмæ хуынчъы фæмидæг. Цалынмæ уыцы змæлдтытæм кастæн, уæдмæ мæ улæфт ныуурæдтон, цыма мæ улæфтæй фæтарстаид, уый хуызæн. Мæ риуыдзаг æххæст нæма сулæфыдтæн, афтæ та мыст фæстæмæ фæзылд. Ацы хатт йæ лыстæг къæхтæй сыфтæртыл мæлæты дард азгъордта. Цымыдисдзинад мыл фæуæлахиз. Мæ бынатæй сыс- тадтæн æмæ хуынчъы цурмæ бацыдтæн. Мæ дзабыры фындзæй йæ акъахтон, фæлæ уыцы гомæй аззад. Абондæргъы мемæ хъæ- ды къуымты кæй фæрахæсс-бахæсс кодтон, уыцы лæдзæг радав- тон æмæ йæ уымæй къахын райдыдтон. Зæхх æнахуыр фæлмæн разынд. Иучысыл акъахыны фæстæ лæдзæджы бырынкъ сыф- тæрты бауад. Иуцалдæр дзы йемæ дæр сдавта. Мæ зонгуытыл æрбадтæн æмæ арæхстгай æвналын райдыд- тон. Лæдзæг нарæг хуынкъæй цыдæр мæрагондмæ ныххæццæ. Йæ ныццæуæн ын фæуæрæхдæр кодтон, æмæ дзы æхсæры кæри куы разынид. Уыцы бæстон æвæрд уыдысты. Сæ быны — сыф- тæртæй лыстæн. — Диссæгтæй цы кæнут! — адæммæ ме ’ргом дæр нæ раздæх- тон, афтæмæй мæхицæн дзурæгау загътон æз. Цуанæттæй мæ ныронг хъуыды дæр ничи кодта, фæлæ мæ армыдзаг бур-саухъулон æндон æхсæртæ куы фелвæстон, уæд цыппарæй дæр мæ цуры алæууыдысты. — Æхсæртæ? — Чи сæ баныгæдта? — Æхсæрæг ын æнæ уæвгæ нæй... Фæрстытæ сарæх сты. Цымыдисдзинад йæ тыхы бацыд. Æз æхсæртæ мæ худы æвгæнынмæ фæдæн. Йе ’мбисы бæрц уыдысты. Фæстæмæ нæ алчи йæ бынаты æрбадти, æмæ та ныхæстыл фестæм. Æрмæст ныр иууылдæр уыдысты цæрæгойты тыххæй. Зымæгмæ дзы кæмæн цавæр æвæрæнтæ вæййы, йæхи йæм чи куыд бацæттæ кæны, чи цы фылдæр уарзы æмæ афтæ дарддæр. Мæ хъустыл та зонгæ сыр-сыр ауад. Мысты уайтæккæ дæр ауыдтон. Уыцы фæдисонæй тахт. Йæ хуынчъы бынат нал ссард- та, фæлæ ногкъахт сыджытыл суад, йæ ахстоны цур йæ фæстæг- 311
тыл алæууыд æмæ, йе ’вæрæнтæ фæлдæхтæй куы ауыдта, уæд йæ къæхтæй йæ цæстытыл ралæууыд. Йæ тæригъæддаг цъист- цъист райхъуыст. Мæ буар ныррызт. Ахæм æвирхъау ныв фенын æнхъæл ницы- хуызы уыдтæн. Мыст ма иудзæвгар уырдыг алæууыд, стæй æр- хауд æмæ, æхсæртæ кæм уыдысты, уыцы сыфтæртæм ныттылд. Цалдæр хатты ма ихæнриз скодта, стæй йе змæлынæй банцад. Иуцасдæр мæ бынатæй фезмæлынхъом нал уыдтæн. Цыдæр азым мын ме уæнгтæ нылхъывта, æмæ цавддурау фæдæн. Æрæ- джиау уæддæр сыстадтæн. Мысты систон æмæ йæм æдзынæг ныккастæн. Дыууæ цæсты дæр къахт разындысты. Йæ зымæ- джы хардзæй куы бавдæлон, уæд, æвæццæгæн, йæхи мардыл 6а- нымадта, æмæ сыдæй мæлынмæ дæр нал банхъæлмæ каст, фæлæ йæхæдæг йæхицæн тæрхон рахаста... Æвгъайуаг хъуыддаг. Мысты зæрдæхудты бацæуын дæр тæ- ригъæду... БЫЦÆУ Саукуыдзæн хъæды зилынæй хуыздæр мацы ратт. Уæвгæ, хъæдгæсæн æндæр цы куыст ис! Цы нæ бæлас, цы нæ къудзийы цур æрлæудзæн! Цы нæ кæрдæгмæ æргуыбыр кæндзæн! Иууыл- дæр ын зонгæ сты. Алкæй уынд дæр ын дзы æхсызгон вæййы. Алчидæр ын дзы цыдæр циндзинад æрхæссы. Ацы бон йæ зæрдæ уæлдай хъæлдзæгдæр у. Æвæццæгæн, сугтæ кæнгæ кæй никæуыл фæхæст, уый тыххæй. Кæд, чи зоны, хъæ- лæрдзыйы къутæрыл кæй амбæлд, уымæн. Гагадыргътæй уымæй фылдæр ницы уарзы. Æнæхъæн Сау хъæды хъæлæрдзыйы бæ- лæстæй йын ацы къутæрæй адджындæр нæй. Хуссарварс кæй рæзы, цæттæ дæр уымæн афтæ тагъд свæййы. Алы ацафрн дæр æм Саукуыдз æрбацæуы. Ныр дæр та йæ йæ тæккæ рæгъæдæй æрбаййæфта. Ноджы хуымæтæджы бæркад- джын у. Уыйас бирæ дæр дзы нæ бахордта, афтæмæй уайтагъд афсæст. Рæсуг Суадоны цур йæхи уæлгоммæ ауагъта, æмæ цыма арв фыццаг хатт уыны, уыйхуызæн æм кæсьщæй нал æфсæст. «Зæр- ватыччытæ сæхи мæлæты уæлæуæзмæ систой, — йæхинымæр хъуы- дыты ацыд. — Райсом дæр та рæстæг хорз уыдзæн. Зæрватыч- чытæ бæрзæндты куы фæтæхынц, уæд хурбонмæ æнхъæлмæ кæс...» Йæ цæстæнгас бæлæсты цъуппытыл андзæвыд. Йæ галиу фар- сыл æрхуыссыд æмæ Суадонмæ фæкомкоммæ. Афтæ йæм фæ- каст, цыма Суадон адæймаджы æвзагæй дзуры. Хæстæгдæр æм бацыд æмæ йæ былгæрон æрбадт. Суадон схъуыр-хъуыр кодта. Йæ сыгъдæгбын змис базмæлыд. — Уæд та-ма мын æй ды зæгъ... — сыхъуыст Суадоны бынæй адæймаджы æвзагæй, æмæ фыцгæ æртæхтæ доны уæлцъар цæп- пузыртау скафыдысты. 312
Саукуыдз дисы бацыд. Уæдæ мæ кæд мæ хъустæ фæсайдтой, зæгъгæ, цырдгомау фестад, Суадонмæ бауад, йæ дыууæ армыгьæ- пæны дзаг дзы йæ цæсгомыл дон скалдта. Куыддæр уазал дон йæ буарыл аныдзæвыд, афтæ йæ тас фæцыдæр, æмæ, цыма Суадо- нимæ рагæй зонгæ уыд, уыйхуызæн æй афарста: — Цы дын зæгъон, цы? — Суадон цæмæн хуыйнын, уый. — Ууыл та цы тыхсыс! Æз дын æй ныртæккæ зæгъдзынæн. Иннæтæн дæр афтæ æнцон зонæн куы уаид сæ номы равзæрд, — загъта Саукуыдз æмæ арæхстгай дурыл æрбадт. — Ды зæххы бын кæй равзæрдтæ, уый дын мæн амонын нæ хъæуы. Иу ранмæ калдтæ æмæ калдтæ, стæй æрæджиау афтæ сбирæ дæ, æмæ дын дæ райгуырæн бæстæ фаг нал уыд. Дæ бæттæнтæ атыдтай æмæ зæххы бынæй фемæхстæ. Раздæр чысыл уыдтæ. Фæлæ дын адæй- маг дæ фæндæгтæ фæуæрæхдæр кодта. Арфдæр дæ ракъахта, æмæ дæ гуырæн ноджы тынгдæр фемæхст. Дæ мад дæ тынг бирæ уарзта. Бæргæ йæ фæндыди, æдзухдæр йæ цуры куы цардаис, уый, фæлæ дын æндæр гæнæн кæй нæ уыд, уый æмбæрста æмæ ма дын фæстагмæ скуывта: «О сыгъдæг Донбеттыр, дæ фæдзæхст, де уазæг æй бакæн! Цæмæй искуы суа дон, ууыл бацархай! Уæдæ цы суа дон, цы суа дон!..» — Æмæ исты æз дон нæ дæн? — схъуыр-хъуыр та кодта йе змисбынæй Суадон. — Ды ахæм дон нæ дæ, мæ хур. Дон фæтæн æмæ арф вæййы. Дæуæн та дæ бон искуы айсæфын дæр у, фæлæ зæххыл ахæм дæттæ ис, æмæ æхсæвæй-бонæй цæугæ чи кæны, йæ иу уылæн дæр дæуæй цалдæр хатты стырдæр кæмæн у. Æмæ дын дæ мад дæр дæтты бардуагмæ уымæн куывта, цæмæй ахæм дон суай. Дæхи дæр дын уымæ гæсгæ «Суадон» хонын райдыдтой. Саукуыдзæн йæ дзуапп йæхи зæрдæмæ дæр фæцыд, æмæ йæ мидбылты бахудт. Уалынмæ йæ русыл цыдæр андзæвыд, хæрдмæ скаст, æмæ Дурвæткъуыйы къалиу йæхи æриваз-æриваз кæны. — Уæд мæн та Дурвæткъуы цæмæн хонынц? — басыбар-сыбур кодтой йæ сыфтæртæ. Саукуыдз та дисы бацыд. — Фæткъуы кæй дæн, уый тыххæй ницы зæгъын, фæлæ ма мæм Дур та чи бафтыдта? Искуы ма Дур дидинæг фæкалы, сыф- тæртæ йыл фæзайы, уидæгтæ йын вæййы? Уæдæ йыл дыргътæ кæй нæ зайы, уый тыххæй та дзурын дæр нал хъæуы, уымæн æмæ уый алкæмæн дæр æмбæрстгонд у. Мæ дыргьты хуызæн дыргътæ та алы бæласыл нæ зайы. Кæннод æй цыма дæхæдæг нæ зоныс... Саукуыдзы зæрдыл æрбалæууыд, æппæты фыццаг Дурвæт- къуыйы къудзийыл куы фембæлд, уыцы бон. Урс-урсид дидинæг акалдта. Диссаг æм фæкаст, ахæм сындзæхгæд къалиутыл æмби- сонды рæсугъд дидинджытæ куыд æрзад, уый. Æрæгвæззæг та Дурвæткъуыйы цурмæ бафтыд. Йæ дыргътæ 313
тарбын сырхæй æрттывтой, цыма афтæ дзырдтой: «Фен-ма, кæд- дæра дæ зæрдæмæ нæ фæцæуиккам». Æмæ дзы æцæгæй дæр иу цупал ратыдта. Æгæр егъау æппытæ йын уыди, фæлæ уæддæр йæ зæрдæмæ фæцыдысты. Цалдæр армыдзаджы дзы сæхимæ æрбахаста. Йæ чызджы цинæн кæрон нал уыд, адонæй, дам, æз дæуæн хос скæндзынæн, æмæ дæ зæрдæ нал рисдзæн. Саукуыдзы уæд йæ зæрдæ хъыгдардта. Йæ чызг та дохтыр у. Æмæ йын æцæгæй дæр хостæ куы скæнид. Ноджы йын æххуыс дæр мæлæты хорз фесты. Уæдæй фæстæмæ алы фæззæг дæр дурвæткъуытæ æрцæттæ кæны æмæ дзы кæм цайдон сфыцы, кæм та сæ хусгон- дæй фæхæры. Цалынмæ уыцы хабæрттæ мысыди, уæдмæ йæ галиуварс Сау- нæмыджы къутæр базмæлыд: — Мæ уавæр ноджы æвзæрдæр у. Адæм мæм иууылдæр Сау- нæмыгæй дзурынц. Сау кæй дæн, ууыл дыууæ нæ зæгъын; фæлæ мæ Нæмыг кæй хонынц, маргæ мæ уый кæны. Афтæ смæсты вæййын, æмæ ардыгæй, æппындæр дæ кæм нæ зонынц, ахæм ранмæ фæлидз. Кæд мын уым хуыздæр ном раттиккой, стæй кæд мæ кад дæр фæфылдæр уаид. Уæдæ адæмæн æз хорзæй кæй фæдæн, æрмæст уый тыххæй дæр мын мæ ном аивын æмбæлди. Искæмæн йæ хъуыртæ срыстысты, йæ гуыбынæй схъæрзыдта, уæд ын мæнмæ æнæ фæзынгæ нæй. Уæдæ, уазал кæй бацæуы, уый дæр мæ цайæ адзæбæх вæййы. Стæй канд мæ дыргътæ не сты хос, фæлæ ма мæ сыфтæ дæр. Адæм мæ æд къалиутæ дзæгъæ- лы не ’ртонынц. Аууон ран мæ æрцауындзынц æмæ мæ зымæг- зымæджы дæргъы къалиугай фæхæссынц. Уæддæр мæм Саунæ- мыгæй дзурынц. Æмæ, куы зæгъын: Сау хонын мæхи уадзын, Нæмыгимæ дæр сразы уаин, æппынфæстаг. Фæлæ цæмæн? Цы мын ис Нæмыгимæ иумæйагæй! Нæмыг адæймаджы маргæ кæны, æз та — дзæбæх... Саунæмыг ма цыдæр сдзурынмæ хъавыд, фæлæ Гæдыбæлас йæ разæй фæци: — Æз та ма цы зæгъон, Гæдыбæлас кæй рахуыдтой?! Уæд кæмæн цы кодтон мæ гæдыдзинадæй? Кæй асайдтон, кæуыл хи- нæй рацыдтæн? Бæлас мæ кæй хонынц, уый раст у, фæлæ ма дзы Гæды та кæцырдыгæй фæкодтой? Чызджыты рæсугъддæры мæныл куы фæбарынц, мæ хуызæн рæхснæг æй куы фæхонынц, уæд мын адæмы мыггаг ном цæуылнæ радтой? Æви æцæгæй дæр гæды чи у, уыдон нæ уынынц? Цымæ искуы искæуыл гадзраха- тæй рацыдтæн? Мæ быны никуы никæй ныккодтон, искæй æххуы- сæй хæрдмæ сбырыныл никуы бацархайдтон, искæй хаймæ ни- куы бабæллыдтæн. Уæдæ мæнæй фылдæр йæ ныййарæг зæхх чи уарзы, ахæм бæлас дæр бирæ нæ зонын. Уидаг дæр мыл нæ вæййы, къалиу дæр мæ нæ хъæуы. Æрмæстдæр зæххыл хæст куы бафæ- разын, уæд мæ ничиуал фæхицæн кæны, уайтагъд мæ туг ба- цæуы, сыфтæр калынмæ фæвæййын. Зæххы мæ михы бæсты куы 314
ныссадзынц, уæддæр уидаг æмæ къалиу фестын, цыбыр рæстæгмæ мæ бæлас рауайы. Уæд мæ Гæды цæмæн хонынц? Уагæры иуæй- нуты хуызæн æцæгæй хин æмæ кæлæн куы уаин. Уæвгæ, ахæм- тæн сæ хъуыддаг хуыздæр цæуы. Мæнæ Хуымæллæг райсæм. Кæйдæрты æххуысæй йæ къæхтыл слæууы. Куы сцæттæ вæййы, уæд дзы цавæрдæр нозтытæ скæнынц æмæ, уымæй размæ йæ къæхтыл фидар чи фæлæууы, уыдон дæр ма дыдæгътæ кæнын райдайынц. Бирæ хæггыты сын мæхæдæг æнцой фæлæууын. Уæд- дæр æм кæсут? Тынг æнæмастæй цæры. Иу уайдзæф дæр æм никæцырдыгæй хауы. Иууылдæр æй нымайынц. Аргъ ын кæнынц. Йæ кад хъæды арæнтæй дæр ахызт. Йæ номыл ма суанг хъæу дæр фæзынди: «Хуымæллæг»... Уæдмæ Суадоны был абадт Сырддонцьиу. Йæ гыццыл базыртæй доны уæлцъар æрхоста, стæй йæхи бацагъта æмæ сдзырдта: — Базыртæ кæуылдæриддæр ис, уыдонæй мæнæй æвзæрдæр ном никæуыл ис. Сырд-дон-цъиу! Цымæ æндæр номы аккаг нæ уыдтæн?! Сырд дæр ма у, Дон дæр ма у, афтæмæй дæ иууылдæр Сырд дæр хонæнт æмæ Дон дæр. Мæ ном æртæ хайæ арæзт у, æмæ йæ фыццаг дыууæ хайы мæнмæ ницы бар дарынц. Цъиу дæн, æмæ мæм афтæмæй куы дзуриккой, уæд иу ныхас дæр не скæнин. Æви мæ митæ сырды митæ сты?! Иуæй-иу хатт холлаг агургæйæ æгæр къæйных вæййын, Зæрватыччы ахстон бацахсы- ныл дæр ацархайын. Бæлоны хай дæр аскъæфын, æмæ уый тых- хæй сырд фестадтæн? Уагæры ма Цæргæсы хуызæн куы лæбу- рин, Уарийау куы скъæфин, Цъиусурау кæрчыты къубæлттæ куы тонин... Кæннод зæрватыччытæ æмæ дзывылдæрттау сасчытæ куы ахсин. Уæвгæ, искуы-иу хатт ахæм митæ дæр акæнын, фæлæ уыдоны хуызæн бонсауизæрмæ сæ фæдыл нæ зилын. Кæннод мæ райгуырæн бæстæйыл куыд æнувыд дæн, уый та! Зымæгæн йæ кой-йæ хъæр дæр — нæма, афтæмæй иуæй-иутау мæ сæр мæ базырты æхсæн куы нæ атъыссын æмæ хъарм бæстæм куы нæ афардæг вæййын. Цыфæнды уазал рæстæг дæр мæ ах- стон никуы ныууадзын æмæ хъармдæр бынат никуы бацагурын. Æрдæбон цы зæрватыччытæ æмæ дзывылдæртты кой кодтон, уыдон алы фæззæг дæр хуссармæ атæхынц. Стæй канд уыдон нæ. Уæрццытæ, сауцъиутæ, хърихъуппытæ... Æмæ сæ нымад чи фæуыдзæн?! — Мæн та Назгæрдæг чи рахуыдта? — сдзырдта Саукуыдзы къæхты бынæй Назгæрдæг. — Кæрдæг дæн, фæлæ Наз нæ дæн... — Хъæд дæн, фæлæ Фат нæ дæн, — Саунæмыджы сæрты æрбадзырдта Фатхъæд. Фæрстытæ фылдæрæй-фылдæр кодтой. Саукуыдз дзы дзу- апп кæмæн лæвæрдтаид, уый нал зыдта. Йæ нымæтхуд фелвæста æмæ дзы йæ цæсгомыл дон скалдта. Ногæй та дзы ныфс бацыд. — Байхъусут-ма! — сдзырдта, йæ алыварс чи æрæмбырд, уыдонмæ. Бæласæй, къутæрæй, кæрдæгæй, маргъæй — иууыл- дæр сæ хъæлæбайæ фенцадысты. Æрмæст ма Суадоны лыстæг 315
фыцын хъуыст. Саукуыдз æм къахæгау ныккаст, цыма афтæ зæгьынмæ хъавыд, адон иууылдæр дæу аххос сты, йæ ном йæ зæрдæмæ кæмæн нæ цæуы, уыдон мыл ды æрæмбырд кодтай, зæгъгæ. — Хъусут мæм? — йæ алыварс йæ цæст ахæсгæйæ сдзырдта Саукуыдз. — Хъусæм, хъусæм! — æмдзыхæй дзуапп радтой хъæды цæр- джытæ. — Уæдæ афтæ: сымах иууылдæр хъаст кæнут уæ нæмттæй. Æнæуи уæ йæхи æвзæр ничи хоны, стæй уын, раст куы зæгъон, уæд уæ адæм дæр цаудæй никæй зонынц. Алчидæр уæ йæ бына- ты хорз у. Адæмæн дæр æххуыс стут, хъæды дæр хъæут. Æнæ кæрæдзи уын цæрын зын уаид. Гъе æрмæст уæ нæмттæ уæ зæр- дæмæ нæ цæуынц æмæ уыцы чысыл хъуыддагыл дзæгъæлы мæс- ты кæнут. Ном фæкæсыны тыххæй у, æмæ дæ цыфæнды дæр хонæнт: хорз ном дыл куы уа, æмæ куы ницæмæн бæззай, уæд хуыздæр у? — Нæу! — æмхуызонæй та райхъуыст сæ дзуапп — Æвзæр йæхи кой фæкæны, — дзырдта дарддæр Саукуыдз, — æмæ уын æз дæр мæхи кой ракæнон. Æз ацы дунейыл авд æмæ æртиссæдз азы цæрын æмæ мæ цы номæй хонынц, уый зонут? — Нæ зонæм! — Саукуыдз мæ хонынц, мæ хуртæ. — Уый та цавæр Куыдз у? — схор-хор кодтой йæ алыварс. — Æмæ-ма мæм иууылдæр дзæбæх æрбакæсут. — Саукуыдз йæ мидбынаты сабыргай æрзылд, — кæддæра мæ сæр дæр, мæ рихитæ дæр æмæ ме ’рфгуытæ дæр урс-урсид не сты. Уæдæ мæм, мæхимæ гæсгæ, Куыдзы хуызæнæй дæр ницы ис. Уæддæр мæ, куы райгуырдтæн, уыцы бонæй фæстæмæ Саукуыдз хонынц. Æмæ цы! Æппындæр æй ницæмæ дарын. Тынг хорз ном мæм кæсы. Саукуыдз мæ кæй хонынц, уый тыххæй мæм фæсмон никуыма æрцыд, стæй, хорз нæмттыл нымад чи у, уыдонмæ дæр никуы бахæлæг кодтон. Лæг йæ хъуыддæгтæй лæг вæййы, хорз номæй адæймаг никуыма скадджын. Хъæды цæрджытæй иу ныхас дæр никæмæйуал схауд. Æвæц- цæгæн, Саукуыдзы ныхæстæ се ’ппæты зæрдæмæ дæр фæцыды- сты. ...Хъæдгæс йæ бынаты базмæлыд. Арвмæ скаст. Хур ныгуы- лæнырдæм дзæвгар акъул. Ацафон хъуамæ хъæдæй рацæуæн фæндаджы былмæ араст уа, цæмæй хъæды зæрдæхудты мачи бацæуа, иу бæлас акалын дæр макæмæн бантыса! Саукуыдз тагъдгомау фестад. Йæхи æрцагъта, йæ нымæтхуд адзæбæхтæ кодта æмæ нарæг къахвæндагыл уæззау къахдзæф- тæй дæлæмæ араст. Суадоны цур бадгæйæ йæ цæстытыл цы нывтæ ауад, уыдонæй йæ зæрдæ барухс. Æхсызгон ын уыд, хъæ- ды цæрджытимæ æнæдзургæйæ дæр кæрæдзи хорз кæй æмба- рынц, уый. 316
ХЪОДЗАТЫÆХСАР (1937) $ Хъодзаты Мæхæмæты фырт Æхсар рай- гуырд 1937 азы 30 июны Цæгат Ирысто- ны Бруты хъæуы. 1955 азы каст фæци ас- тæуккаг скъола. Ахуыр кодта Цæгат Ирысто- ны педагогон институты историон-филоло- гон факультеты. Уый фæстæ куыста ахуыр- гæнæгæй, газеты уацхæссæгæй. 1969 азы йæ ахуыр адарддæр кодта Фысджыты цæ- дисы Уæлдæр литературон курсыты æмæ уæдæй фæстæмæ йæ цард сбаста журнал «Мах дуг»-имæ, 1986 азæй у йæ сæйраг редактор. Хъодзайы-фыртæн йе ’мдзæвгæтæ мыхуыры цæуын райдыд- той 1954 азæй Цæгат æмæ Хуссар Иры журналты, уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй журнал «Москва», «Нева», «Наш современ- ник», «Дон», «Октябрь»-ы. Йæ фыццаг чиныг «Æхсар»-æй фæ- бæрæг йе сфæлдыстады æцæг нысан. Поэтæн цы чингуытæ рацыд, уыдонæн хъæздыг у сæ мидис, æвидигæ — сæ тематикæ («Ныббар мын, Дзерассæ», 1967; «Адæ- мыхъæр», 1969; «Сау æхсон», 1973; «Удæвдз», 1978; «Æрттигъ», 1983; «Рухс», 1987 æмæ æнд. Йæ уацмыстæ тæлмацгонд æрцыдысты нæ бæстæйы бирæ адæм- ты æвзæгтæм. Цалдæр чиныджы йын мыхуыры рацыд Мæскуыйы æмæ Таллины чингуыты рауагъдæдты («Тень орла», 1969; «Яб- локо нартов», 1974; «Терки сааред», 1980; «Кремень», 1985; «Ос- трова Терека», 1988). Йæхæдæг дæр бирæ фысджыты уацмыстæ ратæлмац кодта ирон æвзагмæ. Уыдонимæ А. Пушкины, М. Лер- монтовы, А. Блокы, А. Ахматовайы, Т. Табидзейы, Г. Тукайы, У.Шекспиры, Дж. Байроны æмæ æнд. Фыссæджы сфæлдыстады бæрæг дары рæзгæ фæлтæры темæ. Цы чингуытæ сын ныффыста, уыдон ахъаз сты сывæллоны уды- хъæд хуыздæр, хъæздыгдæр æмæ рæсугъддæр кæнынæн («Абеты куывд», 1968; «Урсбæлон», 1979; «Сæтæлæгон Сæтæлæг», 1990)... УРС ГÆЛÆБУ Тахти, тахти, тахти Урс гæлæбу арвæй. «Хъоппæгæн йæ армæй Мыд фæнуазон», — загъта. Бады ныр мæтъæлæй — Балц нæ уыд бæллиццаг: Хъоппæг ын фæивддзаг Фароны хæтæлæй. Ныр кæсынц йæ митæ Гæлæбумæ хардзау. ... Уыд зымæгон арцау Урс гæлæбу — митæн. 317
ЗАЗ Ногбсны зазыл цы дыргътæ æрзади! — Дзедыр уа, къомси, мæнæргъы уа, цым... Ногбоны зазыл цы мæргътæ æрцарди! — Газо, сырддонцъиу, зырнæг æмæ зым... Ногбоны зазимæ чи не ’рцыд сырдтæй! — Маймули нал хизы пылы ыссыртæй. Арсæн йæ гæбойы тæку æрфынæй, Тæку гæххæттæй у, арс та — тæбынæй... УРС БÆЛОН — Цом, Анду, бæлæттæн та хæринаг раттæм. Æцæг та-иу сæ ахсгæ ма кæн! — йæ кæстæр æфсымæрмæ бадзырдта астаздзыд Дзерассæ. Мит нырма дысон æруарыди. Хуры тынтæм тыбар-тыбур код- та. Цæстытæ йæм кæсын нæ фæрæзтой. Бæлæттæ иннæ хæггытау бадтысты дыууæуæладзыгон хæдза- ры сæр телевизоры антеннæйыл. Сæ бырынчъытæ-иу сæ базырты бын фæцавтой: сæ сисбынтæ схъаудтой. Сæхи найæгау-иу сæ пакъ- уытæ бацагътой. Сабиты куы ауыдтой, уæд дзы фыццаг иу йæхи рауагъта, стæй иннæтæ дæр йæ фæдыл ныххæррæтт ластой. Фæн- даджы астæу æрбадтысты æмæ æнхъæлмæ кастысты. — Мæ дзибатæ, мæ дзикъыртæ, ахæрут баппа. — Дзулы муртæ сын баппæрста Дзерассæ. Уыдон сæ лыстæг сырх къæхтæй 6ы- рынцъаг асфальтыл узгæ-узгæ цыдысты, кæрæдзи дзыхæй скъæф- той къæбæртæ. Анду йæхимидæг катай кодта, фæндыд æй бæлæттæй искæ- цыйы æрцахсын, фæлæ йæ Дзерассæ тротуарæй æддæдæр нæ уагъта. Тæригъæд кодта бæлæттæн. Иу афон сæ рæзты æрбасыффытт ласта сырхахуырст «Моск- вич». Бæлæттæ æмпæррæст скодтой. Фæлæ дзы иу — сæ тæккæ урсдæр — куыддæрæгъдауæй машинæйы бын фæци. — Амардта йæ! — тарст цъæхахст фæкодта Дзерассæ æмæ фырадæргæй дзуццæджы æрбадти. Йæ дзулы къæбæр дæр йæ къухæй æрхауди. Машинæ аивгъуыдта. Бæлоныл цалх нæ атылди. Фыртарстæй фæкъуырмайау æмæ исдуг цавддурау æнæзмæлгæйæ лæууыд. — Æгас цу! — фæхъæр кодта Анду æмæ бæлонырдæм азгъордта. — Ма йæ æрцахс, тæригъæд у! — кæугæйæ йын йæ цонгыл фæхæцыди Дзерассæ. Анду йæхи атыдта æмæ бæлоныл йæхи бауагъта. Иу-æртæ къахдзæфы ма йæ хъуыди. Бæлон æнæнхъæлæджы йæ базыртæ фæйнæрдæм сонт риуыгъд акодта, миты къуыбарау арвыцъæхы сфардæг. Анду фæбырыд æмæ асфальты хъæбæрмæ йæ уæра- джы кæхц æрхаста. 318
— Афтæ дын хъæуы, афтæ дын хъæуы! Хæцаг галæн йæ сыкъа сæтты, — ферох дæ Дзыццайы ныхас?! — фæхъæр кодта Дзе- рассæ. Дыууæйæ дæр сæрфтой сæ цæссыгтæ. Сæ иу куыдта фырмæ- стæй — йæ уæраджы цæфыл. Иннæ та фырцинæй — бæлон сæрæ- гасæй кæй баззад, ууыл. ÆНКЪАРД ХАБАР Трамвай горæтæй Арвыкомырдæм кæм азилы, уым баййæф- тон æнæдаст лæджы. Асæй — рæстæмбис. Иу-дæс æмæ дыууиссæ- дзаздзыд. Йæ цуры лæгъзхъуын сырх куыдз цæуылдæр катай кæны. Йæ фæстаг къахæй сыджыт къахыныл афæлвары. Куы та йæ цъæхснаг хъист-хъист райхъуысы, зæххыл тьæпæн æрхуыс- сы, йæ фидар дзæмбытæ радаргъ кæны, йæ сæр сыл авæры, стæй та ногæй фесты. Æввахс æм куы бацыдтæн, æрмæст уæд бафиппайдтон, фæн- даггæрон цæджындзмæ баст кæй у, уый. Куы мæ ауыдта, уæд фæцырддзастдæр. Йæ хицау мердæм кæй разылд æмæ мæм кæй сдзырдта, уый фенгæйæ йæхиуыл фæхæцыд. — Уыцы æнæхайыры лæппу мæ ма фæсайа! — фындзы рагъ адаудта лæг, æмæ йæ къаннæг цæстытæ горæтырдæм ныццыргъ сты. — Кæмæй зæгъыс, хорз лæг? — Дзæбæх фыййау куыдзыл фæхæст дæн æмæ ай хъуамæ уæлæ хинайæн цады цур искуы ныууадзон. Дæ хæдразмæ мæм иу-æртындæсаздзыд лæппу ’рбасхъæл, дæ куыдзы, дам, нæ уæй кæныс. Æз æй, зæгъын, æппарынмæ куы ласын. Уый мын ба- лæгъстæ кодта, ратт, дам, мын æй. Дæу, зæгъын, фæуæд. Уæдæ, дам, мæм, дæ хорзæхæй, банхъæлмæ кæс, дæс минутмæ, дам, ам уыдзынæн. Мæ мады, дам, афæрсон. Табуафси, зæгъын, уæлдай фыдæбонæй мæ бахиздзынæ. Мæхæдæг дын æй, зæгъын, уæ кæрты бæстастæу бабæтдзынæн, намæ дыл куы фæхæца. Ныр ссæдз минуты бæрц лæууын, æртæ трамвайы ауагътон, уæддæр лæппу зынæг нæй. — Куы нæ ’рбацæуа, уæд та куыдзæн цы дæ зæрды и? — Хинайæн цады цур æй бабæтдзынæн. — Æмæ тæригъæд нæу? Сыдæй нæ амæлдзæни? — Хуыздæр амал нæй! Мæ хæдзарæй куыдздон куыд сара- зон? — Цал азы дæм фæци? — Фараст. Лæг куыдзырдæм разылди. Фемдзаст сты. Куыдз ныхъ- хъыллист кодта, фестади, фырцинæй йæ хицауы къух асдæрдта. Трамвай æрлæууыд, æмæ йæм атагъд кодтон. Æмæ, дам, куыдз зæрдæ зоны. Уæдæмæ куыйтæ дæр мыггаггай сты. 319
ФЫЦЦАГ ФÆЛВАРÆН Газойы дзибатæ куыддæр айчы хъузгæй рахылдысты, афтæ сæм Гыцци æмæ Ауызби уынæг бацыдысты. Мад сæ раздарæнмæ иугай иста. Ауызби сын сæ тæккæ бæгуыдæрмæ бахъавыд: — Уæртæ уый мæн у, уымæй бурдæр дзы нæй! — æмæ дзиба- йыл æвиппайды ном авæрдта: Бури. Адæймагыл йæхи аккаг да- рæс куыд фæфидауа, уыйау фæрæстмæ дзибайы ном дæр. Гыцци лæппынтæ хурмæ рахаста, арæхстгай сæ нæууыл æрæ- вæрдта. Ауызби дæр сæ цуры дзуццæджы ’рбадти, Буримæ йе ’нгуылдз бадары, бадзуры йæм йæ дзыхъхъынног номæй. Уый бипп-бипгæнгæ йæ къубал райвазы, ома, хъыгдарынвæндмæ ма скæ, науæд — додой дæ къона. Стæй йæ бур бырынкъæй лæ- джирттæджы лæппын сыфмæ ’рæвнæлдта, йæ тых-йæ бонæй йыл схæц-схæц кæны. Йе стонын ын бæргæ бантысти, фæлæ, мæ- гуыр, йæхи дæр нал баурæдта: фæуæлгоммæ. Йæ мæллæг хъипп ма фæцыд, йæ къæхтæ тилы. Ауызбийæн йæ худындзæг фæкъæртт и, нæууыл афæлдæхт æмæ йын басабыры хъомыс нал и. Газо удаистæй, йæ къубал даргъ рауадзгæйæ æмæ калмау сыф- сыфгæнгæйæ фæфæдис йæ лæппынмæ. Бури йæ къахыл куы слæ- ууыд, уæд мадæл хъаз Ауызбийыл йæхи баскъæрдта, цæстыфæ- ныкъуылдмæ базыртæ фæхъил кодта æмæ дзы лæппуйы бæгъ- нæг уæрджытыл дзæхст-дзæхстæй ралæууыди. Ныр та Гыцци фæфæдис йæ хъæбулмæ. Баиргъæвта Газойы, стæй Ауызбийы уайдзæфты бын фæкодта: — Дæхи аххос уыди. Бури айчы хъузгæй нырма абон рацыд. Йæ фыццаг фæлварæн нæ фæрæстмæ. Худыны бæсты йын æххуыс куы бакодтаис... УАЛЫТЫЛАВРЕНТ (1938) Уалыты Елиозы фырт Лаврент райгуырд Хуссар Ирыстоны Уалыты хъæуы. Астæук- каг скъола каст фæцис Громы хъæуы. Советон æфсадæй æрыздæхыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институтмæ. Бирæ азты фæкуыста газет «Рæстдзинад» æмæ Цæгат Ирыстоны радио-телеуынынады уац- хæссæгæй. Уалыты Лаврент фæстаг ссæдз азы кусы чиныгуа- дзæн «Ир»-ы аивадон литературæйы редакторæй. Мыхуырæй йын 320
рацыд æмдзæвгæты чингуытæ: «Мæ хъуытазмыр уалдзæг», «Зæр- дæйы уадындз», «Æвдадзы хос», «Артдзæст», «Мæ дуне», «Мæ уды рухс», «Дуджы гакк»; «Фыдæлты тæрхон» — (уацаутæ æмæ радзырдтæ); «Жираф æмæ йæ хæлæрттæ» — сабитæн. ЖИРАФЫ ФЫСТÆГ Жираф нæ сырддоны куыдта, Жираф мæм сырддонæй дзырдта: — Ныффысс мын иу фыстæг мæ мадмæ. — Ыскæсæнмæ æви цæгатмæ? Жираф мæм сырддонæй дзырдта Æмæ зæрдиагæй куырдта: — Кæуы, æвæццæгæн, Дзыдта, Ныффысс æм иу ныхас уæд та. — Æмæ цы хуыйны, цы, дæ мад? Дæ мад æввахс у æви дард? — Уым пылтæ бархийæ цæуынц, Уым хъазынц маймулитæ хъæды, Сыкъафындз хуытæ дзы цæрынц, Тæппуд уым домбаймæ нæ уæнды. Уым... уы-м-м... — Хæкъуырццæй та куыдта, Фыстæг ныффыссын мæ куырдта. Жираф йæ бæсты ном нæ зыдта, Æмæ йæ тути цъиу фæзмыдта: «Ныффысс мын иу фыстæг уæд та, Кæуы, æвæццæгæн, Дзыдта». Уæдмæ нæм зæрватыкк æрбатахт Æмæ нын радзырдта уый тагъд-тагъд: «Йæ мад ис Афричы зæххыл, Чъви-чъви! Æз райсом Африкмæ тæхын, Чъви-чъви!» Уæд хур æрбакасти жирафыл Æмæ дын сырддоны æркафыд... Ныр фыстæг зæрватыкк фæхæссы, Жираф йæ мадæн уым фæдзæхсы: «Дæхимæ акæн мæн, æна, Æнæ дæу цард у тынг æнад!» ИСТОРИЙЫ УРОК Ахуыргæнæг фарста: Дзиу йæ къух ысдардта, — Чи зоны йæ хæстæ? Раст дзуапп ын радта: Цавæр лæджы уарзтæй — Мах бабайы уарзтæй Дидин калы бæстæ? Дидин калы бæстæ. 21 Ирон Л1ггературæ сывæллæттæн 321
Уый дыргъдон ныссагъта, Фенут æй уæхæдæг... Ахуыргæнæг загъта: — Фендзыстæм, æнæмæнг. Фарста та нæ радгай. Чи зоны йæ хæстæ, Ордентимæ дардæй Чи сыздæхти хæстæй? Чи у чи хъæбатыр, Не знæгтимæ тох Чи кодта æгъатыр? Чи нæу абон рох? Дзиу дзырды бар куры Æмæ ногæй дзуры: — Мах бабайæ раздæр Нæй ысгуыхтдæр ам дæр: Ордентæ нæ Ирмæ Уый ысласта бирæ. Фембæлдтæм æй хонынц, Уый хъæбатыр хонынц. Цомут махмæ иууыл Майы бæрæгбоны, Ордентæ йæ риуыл Фендзыстут æмбойны. РУВАСЫ ФÆДИС Рувас къуыппыл бады, Хъæр кæны: — Фæд-и-ис! Мæй ныххауди ца-ды-ы! Мæй фæдæлдон и-ис! Хъæрмæ уайынц сырдтæ: (Цас уыдысты, цас!) Хохаг дзæбидыртæ, Сæгуыт, Бирæгъ, Арс, Ноджы сычъи, уызын, Саг æмæ нæ пыл, Кенгуру æд хызын, Хызыны — лæппын. — Тагъддæр! — Цырддæр! — Исчи! — Мæй кæны хуыдуг! Нал фæлæууыд сычъи, Цады дын — гьыллупп. Гæпп кæнынц йæ фæдыл Саг, зыгъарæг, арс. Бирæгъ гæпп нæ уæнды, Уый тæрхъусау тарст. Пыл дæр æй йæ фындзæй Фелвæста æваст Æмæ дын æй рындзæй Фехста цадмæ раст... Иумæ дæр сæ арæхст Донластимæ нæй, Алчидæр сæ ралæст Цадæй, нал зынд Мæй. Арс йæ сæр æруагъта, Тынг мæстыйæ загъта: — Чи ныппæрста Мæйы Цады, Бахауа уый хъуамæ Нады! — Æз нæ уыдтæн. — Ды уыдтæ! — У дæ аххос, Хъæддаг фос! Сырдтæн уыг зыдта сæ хъæнтæ, Афтæ: — Скæсут-ма, хъæдцаг сæрхъæнтæ Арвмæ Кæддæра цъæх арвыл нæй М-Æ-Й-Й! ЗЫМÆДЖЫ ЧИНЫГ Кæрты иу цъиу Кодта: «Мит-мит!» Æмæ нæм ныууарыд Урс мит. 322
Миты бын фæци мæ хъæу, Ноджы быдыр, Ноджы хъæд. Æмæ диссаг та куыд нæу: Митыл ис фыстытæй фæд! Уыдон æз кæсын нæ зонын Æмæ сæм нанайы хонын. Уый мæм дзуры: — Мæ хур, байхъус. Уалдзæгмæ фыстæг ныффыстой: Мæнæ ногуард митыл тæрхъус, Ноджы гæды, Ноджы уыры, Стæй ма ноджыдæр нæ фыстæ, — Митыл фыстытæм æдзухæй Амоны нана йæ къухæй: — Курынц, Сидынц, Иумæ дзурынц: — Раздæх махмæ, Уалдзæг тагъддæр, Демæ рахон Худгæ хуры, Æмæ та куы схъарм уа зæхх, Кæрдæг адардзæн уæд цъæх... Уый нæ фæнды мæн æппындæр, Семæ æз нæ кæнын разы: Мах сыхы гыццыл лæппутæ Къуыппыл дзоныгътæй фæхъазынц. ХОЗИТЫМАКАР (1939-2009) Хозиты Алыксандры фырт Макар рай- гуырд 1939 азы Цæгат Ирыстоны Рассветы хъæуы. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ службæ кодта æфсады. 1973 азы фæ- саууонмæ каст фæци хъæууонхæдзарадон ин- ститут. Рæзгæ фæлтæрмæ уарзондзинадæй рай- гуырдысты Макары сывæллæттæн фыст уац- мыстæ. Йæ фыццаг æмдзæвгæты æмбырдгонд «Мад æмæ саби» (1972) мыхуыры куы рацыд, уæдæй фæстæмæ йе сфæлдыстадæй 323
лæггад кодта æвзонг чиныгкæсджытæн. Боны рухс федтой йæ чингуытæ «Æз — хуры тын» (1982), «Æмбæхстытæй хъазт» (1990), «Гино, гино, гисс!..» (2002). Мидисджын рæнхъытæ, ирд ахорæнтæ, аив нывтæ æмæ æвза- гæй хайджын у Хозиты Макары сфæлдыстад. Уæрæх æмæ хъæз- дыг у йе ’мдзæвгæты тематикæ: æрдзы рæсугъддзинад, фæллой, сабиты æмæ цæрæгойты цард («Фæззыгон», «Фын», «Цæрæгой- ты хæлардзинады бæрæгбон»). Юморæй дзаг нывтæ æвдисгæйæ, хурмæ хæссы адæймаджы рафауинаг миниуджытæ, афтæмæй сы- вæллæттæм ирдæй разынынц царды пайда æмæ зианхæссæг фæ- зындтæ («Фæдис», «Тæрхон», «Зивæджы цæдисон»). Хозиты Макары æмдзæвгæтæ мыхуыргонд цыдысты газет «Рæстдзинад» æмæ сывæллæтты журнал «Ногдзау»-ы фæрстыл. ÆМБÆХСТЫТÆЙ ХЪАЗТ Дзуры ’хгæд цæстæй Мулдар: — Нал нымайдзынæн дзæвгар. Ма ’мбæхсут мæ разы ’ввахс, Науæд уæ ныттондзæн арс. Бамбарут мæ: рæстæг — фат, Тагъддæр равзарут бынат... Ракастæн уæдмæ æз дæр — Къулаууонæй разынд сæр... Уайтагъд базыдтон Къолайы, Ныр мæ бæсты уый нымайы... ДЗОНЫГЪ-БÆХЫЛ Дымгæ ниуы, Дзоныгъ-бæхыл Æрхы чиуы. Рог æртæхын, Их хæдоны Терк — фынæй. Рагъ фæуырдыг ис æваст. Сырх — мæ рустæ, Худ фæтахти, Сырх — мæ хъустæ. Цæссыг тагъди, — Рагъ нæ «фæллайы» мæнæй. Тахтæн хæдтæхæджы раст. Комы фæзы Хъызт мæ уæны Ногæй атьыста йæ фат. Æз нæ цудын, Хъызтыл худын. Иуварс афардæг и уад. 324
ЦИРЧЫ Цирк. Аренæ. Фæндыр зары, Дзыллæ зиллакмæ нымдзаст. Урс цухъайы сау арс далæ Схъиуы пуртийау æваст. Кафы, къахфындзтыл ысхъиуы, Нæй йын фенцайæн чысыл. Нал ауæрды сырд йæхиуыл, Дзæмбы ахæссы дæрдтыл. Бухархуд фæкъул йæ сæрæй, Калы ’взист хъама цæхæр. Дзыллæйы æмдзæгъд, кæл-кæлæй Змæлы цатыры цъæх сæр. ТÆРХОН Даваг гисы абон Сабитæ æрцахстой. Акодта йыл сау бон: Каумæ йæ ныббастой. Гис кæуы, дзыназы: — Нæй гæнæн, хæлæрттæ, Давæггаг хай уарзын, Райхалут мæ бæттæн! Иу саби уæд дзуры: — Цицц, мæнгард, æдзæсгом, Ды — ызнаг нæ цуры, Бахордтай дæ цæсгом. Аку уал ам бастæй, Бамбар уал дæ азым. Мах — хæлæрттæ астæй, Давджыты нæ уарзæм!.. ФЫН Тархъæд.!. Мæ хæдразмæ Бур арс фæци. Йе рагъыл — тулдз бæлас, Мердæм цыди... Ме уæхскæй фондзæхстон Фелвæстон рæвдз. Загътон: цæй, раласон Сырдæн йæ «кæрц». Топпы хъæр анæрыд, — Бакъуырма дæн. Фæздæджы къуымбилты Ризгæ хылдтæн... Уалынмæ бæрзæйыл Бур арс фæхæст... Фехъалдæн... Цæсгомыл Хиды зæй лæст!.. СÆРДЫГОН РАЙСОМ Хохы саргъы гоппæй Худгæ хур æркаст. Рог дымгæйы цоппай, Хуры тынты хъазт. Цады айдæн систа Бæлæсты хуызист. Даргъдзыкку хæристыл Æртæхы æвзист. Кæрдæгыл ыссыгъди Доны цырагъ, кæс. Уый цырагь нæ уыди — Буц уды хъæлæс! 325
ЧЕДЖЕМТЫ ГЕОР (1940) * Чеджемты Зæкæриайы фырт Геор рай- гуырд 1940 азы 19 августы Цæгат Ирысто- ны Заманхъулы хъæуы. Астæуккаг скъо- лайы фæстæ ахуыр кодта педагогон учили- щейы аивадон хайады. 1969 азы каст фæци Мæскуыйы полиграфион институт. Ирыс- тонмæ æрыздæхыны фæстæ куыста сывæл- лæтты журнал «Ногдзау»-ы, стæй чиныг- уадзæн «Ир»-ы аивадон редакторæй. Фыссæгæн йæ фыццаг æмдзæвгæтæ мыхуыры фæзындысты 1956 азы Рахизфарсы районы газет «Размæ»-йы. Георы сфæлдыс- тад сæйраджыдæр баст у сывæллæттимæ. Рæзгæ фæлтæрæн фыс- сы æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, аргъæуттæ. Йæ уацмыстæм нывтæ дæр кæны йæхæдæг. Йæ фыццаг чиныг «Дзывылдар-Æнгуырдар» мыхуыры рацыд 1964 азы. Уæдæй фæстæмæ Георы чингуытæ (15-æй фылдæр) мыхуыры цыдысты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, Мæс- куыйы рауагъдæдты ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл: «Хазби кафын зоны», 1965; «Чичи æмæ Бечи», 1966; «Цины хабар», 1968; «Ска- чите, олени», 1969; «Зæххы зарæг», 1974; «Зæринæг», 1978; «Дзе- гуындæ», 1981 æмæ æнд. Архайдта Дзæуджыхъæу, Цхинвал æмæ Мæскуыйы аивадон равдыстыты æмæ литературон конкурсты. Геор хорз зоны сывæллæтты психологи, зоны сын се ’взаджы фæзилæнтæ. Уымæ гæсгæ йын йæ чингуытæ сабитæ æхсызгонæй райсынц сæ къухмæ, зæрдæбынæй сæ бакæсынц, лæмбынæгæй сæ цæст ахæссынц авторæн йæхи конд нывтыл. Чеджемты Георæн йе сфæлдыстад æппæтæй дæр у «амонд- джын æмæ хъæлдзæг зарæг». Рæзгæ фæлтæрмæ цымыдисдзинад чи æвзæрын кæны, худæджы хос чи фæвæййы, хъуыдытыл сæ чи бафтауы, сæ зонындзинæдты суадон кæй руаджы фæирддæр вæййы, раст æмæ зылын кæй руаджы базонынц, ахæм зарæг. ТУЛДЗ ТАЛА Хохы фахсыл рæзы Тулдз Тала. Сывæллонау бацин кæны ху- рыскастыл. Хурзæрин та йæ ныййарæгау барæвдауы йæ фæлмæн тынтæй. Изæргæрæтты хур хæхты аууон куы фæвæййы, уæд Тулдз Талайы сыфтæртыл февзæры урс фæрдгуытæ. Æвæццæгæн, цæс- сыгтæ вæййынц. Нынкъард вæййы Тулдз Тала. Гъе, æрмæст стъа- лыты цæхæр куы раирд вæййы арвыл, уæд йæ цъæх сыфтæртæй сæмдзæгъд кæны æмæ йæхинымæр фæзæгъы: «Æз куы сдын- 326
джыр уон, уæд мæ къалиутыл, æвæццæгæн, уыдзæн стъалытау бирæ сыфтæртæ». Æмæ нымайын байдайы сгьалытæ: «Уæлæ иу, уæлæ дыууæ, уæлæ æртæ... сæдæ, сæдæ иу, сæдæ дыууæ, сæдæ æртæ...» Стæй афынæй вæййы. Æмæ фены алы ’хсæв дæр уыцы иухуы- зон фын. Цыма хæхты уадтымыгъ сыстад. Айнæг дурты æмæ æдуидаг бæлæсты сæрсæфæн былтæй калы. Тулдз Талайы дæр æртасын кодта зæххы онг. Хъавы йæ стонынмæ, былæй йæ фех- сынмæ. Фæлæ Тулдз Тала йæ фидар уидæгтæй æрбахъæбыс код- та ныййарæг зæххы, тарст саби йæ мады фæдджийыл куыд ныф- фидар вæййы, афтæ. Æмæ йæ цæссыг ныхъуыргæ фæзæгъы: «Зæхх, ныййарæг зæхх! Ма мæ ауадз дæхицæй. Ма мæ ауадз дæхицæй. Мæнæн стырæй мæ къалиутыл стъалытау бирæ сыф- тæртæ уыдзæн...» Райсомæй Тулдз Талайы иувæрсты æрбасирынц уызынтæ, гæпп-дугъæй æрбазгъорынц тæрхъустæ, хъуызгæ уадæй — ру- вæстæ, уæззау сæппæй — цъæх бирæгътæ. Æмæ се ’ппæтдæр ба- фиппайынц: «Ацы ’хсæв дæр та Тулдз Тала бæлвырд бæрзонд- дæр сырæзыд». ТÆРИГЪÆДГÆНАГ РУВАСЫ АРГЪАУ Раджыма-раджы, иу сæумæраджы Арыхъхъы хъæугæронмæ Рувас æрцыди. Кæройнаг кауы рæбын цъиуджын Каркмæ фæлæ- бурдта æмæ йæ хъæдрæбынмæ ахаста. Карк ын лæгъстæ кодта: — Ауадз мæ, Рувас! Ауадз мæ, Рувас! Мæ лæппынтæ дзæгъæ- лæй баззайдзысты, æмæ сæ Цъиусур иугай-дыгай фæхæсдзæн. Рувас тынг фæтæригъæд кодта Каркæн, фæлæ йæ уæддæр бахордта. Стæй бирæ фæкуыдта Рувас. Йæхинымæр йæхимæ хæ- цыд: «Цæмæн бахордтон цъиуджын Карчы! Тæригъæд куы уыди... Æз карк никуал æрцахсдзынæн. Цон, æмæ кæрчытæй хатыр ра- курон». Рувас комкоммæ хъæугæронмæ æрцыди. Æрхы был цалдæр бабызы ауыдта. «Цæй, кæрчытæй уый фæстæ хатыр ракурдзы- нæн», — загъта йæхинымæр Рувас æмæ Бабызы къæдзилмæ фæ- лæбурдта. Уайтагъд хъæдрæбын балæууыд. Бабыз ын лæгъстæ кæнын байдыдта: - Ауадз мæ, Рувас! Ауадз-ма мæ, Рувас! Рувасмæ афтæ фæкаст, цыма Бабыз кæугæ кæны. Æмæ йын тынг фæтæригъæд кодта, фæлæ йæ уæддæр бахордта. Рувас æнкъардæй каст, дымгæ Бабызы бумбулитæй куыд хъа- зыд, уымæ. Йæ зæрдæ æрбауынгæг æмæ ставд цæссыгтæ ныз- гъæлдта. «Цæмæн бахордтон Бабызы? Тæригъæд куы уыди Ба- быз... Æз Бабыз никуал æрцахсдзынæн. Цон æмæ бабызтæй хатыр ракурон», — ахъуыды кодта Рувас æмæ хъæугæрон балæу- уыд. Бабызтæм нæма ныххæццæ, афтæмæй йæ размæ фесты 327
хъазтæ. Замманай хъулон хъазтæ! Хъазты фæдыл — бур тулатæ — сæ лæппынтæ. «Бабызтæй райсом хатыр ракурдзынæн», — загъта йæхины- мæр Рувас æмæ хъазтæм йæхи байста. Фæлæ... гæрах!!! Æмæ мигъы къуымбил кауы сæрмæ февзæрд. Урснымæтхудджын лæп- пу кауы сæрты рагæпп кодта дыууæхстонимæ æмæ Рувасы йæ сырх къæдзилæй систа. «Цæмæн амардтон Рувасы?! Тæригъæд куы уыди Рувас. Æз Рувас никуал амардзынæн. Цон æмæ рувæстæй хатыр ракурон», — загъта йæхицæн урснымæтхудджын цуанон æмæ хъæдрæбынмæ фæраст и. АРВ ХУДЫ, АРВ ЗАРЫ Арвмæ фæсрагъæй ысленк кодтой мигътæ. Радымгæ кодта. Уый тыхджын къæвдайы нысан у. Арв ныннæрыд æмæ бæлæсты сыфтæртыл, залмысыфтыл, кæрдæгыл — къупп-къупп-къупп. Фемæхст уарын. Тæрхъус уагъылыйы къутæры бын бабырыд æмæ хъуыды кæны: «Арв кæмæдæр смæсты æмæ йæ фæдæлдон кæнынмæ хъавы». Уызын дæр фæткъуы бæласы бын æрæмбæхст æмæ хъуыды- ты аныгъуылд: «Дымгæ мæн тыххæй ракодта. Уадз æмæ мын фæткъуытæ æрæзгъала бæласæй. Фæлæ уарынæй та цы кодтон?» Уыцы рæстæг рувас уыди хъæугæрон æмæ, кæм амбæхстаид, уымæн ницыуал зыдта. Йæ сырх кæрц ныддонласт, афтæмæй æрбахæццæ йæ хуыггоммæ. «Къæвда мæ кæрчытæ давын нæ бау- агъта. Арв, æвæццæгæн, давæгойты нæ уарзы». — Хъуыды кодта, йæ къуди тилгæ, рувас. «Арв ниуы», — загъта йæхинымæр бирæгъ æмæ йе ’ххормаг гуыбынмæ ныхъхъуыста. «Арв богъ-богъ кæны», — бахъуыр-хъуыр кодта арс æмæ йæ иуварсæй иннæмæ рафæлдæхт. Уарыны урс фæрдгуытæ кафынц бæлæсты сыфтæртыл, зал- мысыфтыл. Кæрдæджы хъуырты амбæхсынц. Хъуысы кæрдæджы ныхас: — Арв худы, арв зары. КЪАРМÆГОНЫ ÆРДУЗ Арыхъхъы рагъыл, Къармæгоны æрдуз чи нæ зоны, ахæм иунæг дæр нæй сырдтæ æмæ мæргътæй. Гъе, уыцы Къармæгоны æрду- зы бæстастæу, уагъылы къутæры бын цæрынц Хъусæгонты би- нонтг^: дыууæ мадæл тæрхъусы æмæ хъоппæгдзæст æхсæз лæп- пыны. Цæрьщц хæларæй, кæрæдзимæ хъусгæйæ. Хурыскастыл хизынмæ рацæуынц, хурныгуылдыл сæ хуыссæнуат бацагурынц. ...Хур нырмагыццыл раздæраныгуылд, фæлæ Арыхъхъы рагъы 328
сæрмæ сгьалыты цæхæр раирд. Хъусæгонты бинонтæ дæр та афо- ныл бацагуырдтой се ’хсæвиуат æмæ сынæр цæгъдгæйæ сæ хъарм фæрстæ кæрæдзимæ нылвæстой. — Афынæй кæнут, мæ лæппынтæ, — дзуры сæм сæ Нана, — райсом нæ раздæр цæуын хъæудзæн хизынмæ. — Тæкку-Нана, — дзурынц лæппынтæ сæ мадмæ. — радзур-ма нын аргъау. — Райсомæй та ныффынæй уыдзыстут, — нæ разы кæны сæ мад, — абон дæр æгæр афæстиат стæм. — Тæкку-Нана, Тæкку-Нана! — суасыдысты алырдыгæй лæп- пынтæ. — Нæ бафынæй уыдзыстæм райсомæй. Цæй-ма, радзур нын аргъау. Тæкку-Нана йæ мидбылхудгæ бакаст Тæкку-Бабамæ æмæ афтæ зæгъы йæ лæппынтæн: — Мæнæ-ма уын иу хатг Тæкку-Баба дæр радзурæд иу аргъау. Лæппын тæрхъустæ сæ фыдырдæм фесты: — Тæкку-Баба, Тæкку-Баба! Радзур нын исты! — Æмæ уын цы радзурон: аргъау æви æцæг хабар? — бафар- ста Тæкку-Баба йæ лæппынты. — Хабар, хабар, æцæг хабар! — суасыдысты лæппынтæ. — Аргъæуттæ сын æз фæкæнын, — сдзырдта Тæкку-Нана дæр, — фæлæ сын ды æцæг хабар радзур. Тæкку-Баба йæ цæст ахаста йæ лæппынтыл æмæ сæ бафарста: — Чи зæгъдзæн сымахæй, кæм цæрæм, уыцы æрдуз куыд хуый- ны? — Къармæгоны æрдуз! Къармæгоны æрдуз! — алырдыгæй суа- сыдысты лæппын тæрхъустæ. — Æмæ чи уыди Къармæгон та? — ногæй та бафарста Тæкку- Баба. Лæппын тæрхъустæй хъыпп-сыпп дæр ничиуал скодта, уымæн æмæ, Къармæгон чи уыди, уый сæ иу дæр нæ зыдта. — Уæдæ хъусут, мæ лæппынтæ, — йæ дынджыр цæстытæ доны зилгæйæ загъта Тæкку-Баба. — Æз уын радзурон фæлмæнзæрдæ Къармæгоны æнкъард таурæгъ... Арыхъхъы рагъыл, мæнæ ацы уагъылы къутæры бын царди æмæ уыди зæронд тæрхъус Къармæгон. Цал сæрды æмæ зымæ- джы арвыста ацы ран, ацы пæлæхсар къутæры бын! Цал хатты йæ æрæййæфта тæрккъæвда ацы къуыбырты астæу! Бирæ ра- цард Къармæгон. Дард рæттæм нал цыди хизагур. Уæвгæ йæ фæстаг рæстæг æвдæлгæ дæр нал кодта — иу сæрдыгон бон ын райгуырди фæныкхуыз хъилхъус тæрхъус. Къармæгон æй хонгæ дæр афтæ кодта — Хъилхъус. Хъилхъус тынг буц ахуыр рахаста. Райсомæй-иу æй йæ зæ- ронд мад Къармæгон куы райхъал кодта, уæд-иу Хъилхъус хъуыр- хъуыр кæнын байдыдта: — Цæмæн мæ райхъал кодтай? Хуры тын мæ куы райхъал кодтаид, мæн уый фæндыд. И-и-и!.. 329
Тæрхъусы лæппынтæ схудтысты: — Мæнæ Пухинæт дæр афтæ фæкæуы райсомæй, — загъта сæ хистæр. — Æмæ ды та тæрсаг куы дæ! — нал фæлæууыд Пухинæт дæр. — Кæрæдзимæ та куы фестут! Байхъусут уæ фыдмæ! — бауай- дзæф кодта мад йæ лæппынтæн, стæй разылд Тæкку-Бабамæ. — Дзур, дæ хорзæхæй, дарддæр цы уыди? Тæкку-Баба йæ зæбул халас рихитæ тонæгау асхъаудта æмæ дарддæр кодта йæ таурæгы — Райсомæй фынæй кæнын тынг уарзта Хъилхъус æмæ-иу алы æфсæнттæ мысыд. Ахæм рæстæг ын-иу Къармæгон бауай- дзæф кодта: — Худинаг, худинаг, Хъилхъус! Дæлæ Уæрццы лæппынтæ 6о- ныцъæхтыл рабадтысты æмæ ма зæрæстон хуымы еууы гагатæ дæр æруыгътой. Бынтон æгоммæгæс та Хъилхъус йæхи æхсгæйæ уыд. Хъæр- хъыллист-иу байдыдта: — Суадоны донæй мæ ма цæхс! Къармæг! И-и-и!.. — Уæдæ дæ цавæр донæй цæхсон, Хъилхъус?! Мæнæ цы дис- сæгтæ уынын Арыхъхъы рагъыл, мæнæ! — рафæлмæцыд-иу Къар- мæгон. — Суадоны донæй мæ ма цæхс, — йæ гæндзæхтæ цагъта Хъил- хъус, — уый уазал у. Уæртæ зыр-зыраг дидинджьпы къусчытæй дон рауадз... Бынтон æгоммæгæс та Хъилхъус изæрыгон уыди. Æнафон- тæм фынæй кæнын нæ куымдта. Иуизæр та Хъилхъус нал æмæ нал фынæй кодта. Къармæгон ма йæ тæрсын кæнын дæр байдыдта Рувасæй, Бирæгъæй, суанг ма йын Арсы кой дæр скодта. Фæлæ Хъилхъус Къармæгоны цур ницавæр рувас, кæнæ бирæгъæй фæтарстаид æмæ къутæры бын рагæпп-багæпп кодта. Къармæгонæн йæ тæккæ сыхаг уыди Уызинæт. Тынг зæронд, стæй тынг зондджын уызын. Уызинæтмæ зондæй фæрсынмæ цыдысты сырдтæ æмæ мæргътæ суанг Быруйы рагъæй дæр. Гъемæ Уызинæт Хъилхъусы митæ куы федта, уæд загъта: — Хъилхъус, мæ хур! Къармæгон зæронд у, æмæ йæ бафынæй кæн. Стæй уыйфæстæ, цас дæ бафæнда, уыйбæрц хъаздзынæ. Хъилхъусы зæрдæмæ тынг фæцыдысты Уызинæты ныхæстæ æмæ Къармæгонмæ сдзырдта: — Уызинæт раст зæгъы. Стæ-ма, æз дæ афынæй кæнон. Хъилхъус æрхуыссыд Къармæгоны фарсмæ æмæ зарыныл афæлвæрдта: Афынсей у, Къармсегон, Ма ку, ма ку, Къармæгон. Дсе цæстытæ æрцъынд ксен, Фен-иу ахсæв хæрзфынтæ... ...Афыпсей у, Къармсег... 330
Хъилхъусæн йæ цæстыхаутæ кæрæдзиуыл андзæвыдысты. Къармæгон йæ мидбыл бахудт. Уызинæтæн хæрзæхсæв загъта, стæй уый дæр йæ цæстытæ æрæхгæдта. Дыккаг бон Къармæгон Хъилхъусы куы райхъал кодта, уæд Хъилхъус æнæ хъуыр-хъуырæй йæхи ахсадта суадоны донæй, стæй загъта: — Ахсæв дæр та дæ, Къармæгон, бафынæй кæндзынæн, нæ? — Уæдæ, уæдæ! Дысоны хуызæн хорз никуы фæфынæй код- тон, — загъта Къармæгон дæр æмæ Хъилхъусимæ рагæппытæ код- той хурварсмæ сæ уарзон уагъылы къутæры бынæй. Раст уыцы рæстæг Уызинæт дæр сиргæ-уадæй рацыд йæ хæ- дзарæй — какон сындз-къутæры бынæй. Къармæгон æмæ Уызи- нæт дыууæ хойау кæрæдзиуыл бацин кодтой, стæй ныхæстыл фесты. Æрымысыдысты та се ’рыгон бонтæ. — Æз ма æрыгон куы уыдтæн, Уызинæт, уæд мæ къæхтæй мæ ныфс тынг хастон, — йæ цæстытæ бахгæнгæйæ æхсызгонæй дзыр- дта Къармæгон. — Мæйрухс æхсæвы-иу хъæугæрон цæхæрадæт- ты бирæ фезгъордтон уырыдзытæ хæргæ. — Хъуыды ма кæнын, — арф ныуулæфгæйæ райдыдта дзурын Уызинæт дæр, — иу хатт дæ куыйтæ куы расырдтой, уæд дæ даргъ хъустæ дæ фæсонтæм нылвасгæйæ цы сæррæт кодтай! Куый- тæ дæ Фыццаг фæхæрдгæнæнмæ фæсырдтой, стæй ды цыдæр æрбадæ — хæлиудзыхтæй сæ фæуагътай! А-ха-ха-хы! — зæрдиаг худт ныккодта Уызинæт. — Æх-хи-хи-хы! — ныххудти Къармæгон дæр, — хорз ма лæууы дæ зæрдыл, Уызинæт! Æдылы, сæрхъæн куыйтæ! Къуыбыры фæстæ иу хъуына дуры рæбын ахуыссыдтæн, æмæ куыйтæ мæ рæзты æрбасыффытт кодтой — сæ иу дæр мæ нæ федта. Уымæн æмæ дур дæр — фæныкхуыз, æз дæр — фæныкхуыз! Æх-хи-хи-хы! Къармæгон æмæ Уызинæты хъæрæй худт сæууон уддзæф, ивылгæ хаста Арыхъхъы рагъыл, æмæ сырдæй-маргъæй се ’ппæт дæр цин кодтой — æгайтма хъæлдзæгæй æрвитынц сæ зæронды бонтæ Къармæгон æмæ Уызинæт! Цас ма фæныхæстæ кодтой, цас ма фæхудтысты дыууæ уарзон сыхаджы, уый чи зоны, фæлæ сæм фæдисы цыдæй æрбазгъордта хъæддаг гæды Тæлминæ: — Арыхъхъы рагъ уæ сæрыл систат уæ худынæй, фæлæ уын Хъилхъус кæм ис, уый зонут? Къармæгон нырма ныр бафиппайдта, Хъилхъус йæ разы кæй нал ис, уый æмæ джихæй аззад. Йæ цæстытæ тарсты дзагъыр фæкодта æмæ уагъылы къутæры бынмæ базгъордта, фæлæ уым нæ разынд Хъилхъус. Йæ цæссыг згъалгæ разгъор-базгъор бай- дыдта Къармæгон Арыхъхъы рагъыл: йæ хъæлæс ныффæсус Хъил- хъусмæ сидынæй, фæлæ ма уæддæр кæуынхъæлæсæй хъæр код- та: «Хъилхъус, кæм дæ? Кæм дæ, Хъилхъус?» Къармæгоны кæуынмæ, Къармæгоны хъарджытæм æрæмбырд сты Арыхъхъы рагъы цæрджытæ сырдæй-маргъæй сеппæт дæр æмæ тæрхæттæ кодтой: цыхуызы баххуыс кæной Къармæгонæн. 331
— Æвæстиатæй агурæг ацæуæм Хъилхъусмæ, — загъта Тæл- минæ. — Æз федтон, бур гæлæбу расур-басургæнгæ хъæуырдæм куыд згъордта, уый. — Кæд хъæуырдæм адзæгъæл, уæд хорз нæу хабар, — йæ хъуынджын æрфгуытыл уæлæмæ схæцгæйæ загъта бæзджын хъæ- лæсæй Арсæмæг. — Стæй йæ бацагурын дæр тæссаг хъуыддаг у — мæ фыдгулыл цуанон амбæла. Арсæмæг куыддæр йæ ныхас фæци, афтæ уагъылыйы къали- уыл абадти бубупгæнаг Опопа. Сырдæй-маргъæй сеппæт дæр сæ каст Опопамæ скодтой. Опопа хъæуæй кæй стахти, уый алчидæр федта æмæ æнхъæлмæ касти: кæддæра цы хабар схаста Опопа! Опопа йæ сæрыкъоппайы рæсугъд дымгæгæнæн амбырд кодта æмæ йæ цæст ахаста быдыры цыппæркъахыгтыл, афæлгæсыд пыхсы базырджынтыл, стæй бубупгæнгæ загъта: — Бу-бу-бур гæлæбу-бу с-сургæйæ Хъилхъус хъæумæ ных- хæццæ. Уым æй гыццыл лæппу-пу-путæ ’рцахстой æмæ йæ иу хæ- дзармæ бахастой. Хæдзар та хъахъхъæны иу бу-бу-бур куыдз. Сырдтæ æмæ мæргътæ сæ бон базыдтой Хъилхъусæй æмæ фæйнæрдæм фæцыдысты, фæтахтысты. Зæронд Къармæгонæн кæуынæй йæ хъæлæс бынтондæр ныффæсус, йæ дынджыр хъоп- пæг цæстыты цæссыг нал баззад — ставд æртахгай фезгъæлдыс- ты йæ фæныкхуыз хъæбысмæ. — Дæхимæ æгæр ма ныхъхъус, Къармæгон, мæ хур. Чи зоны, æмæ хъæуæй раирвæза дæ фæлмæнзæрдæ Хъилхъус, — зæрдæтæ æвæрдта Къармæгонæн йæ сыхаг Уызинæт. Фæлæ Къармæгон йæ зæрдæ ницæуыл уал дардта æмæ йæ зæрдæмæ рухсы цъыртт никæцæй уал цыди. Цыдысты бонтæ. Арыхъхъы рагъыл сырдтæ æмæ мæргътæ æнхъæл уыдысты, зæгъгæ, сындæггай байрох уыдзæн Хъилхъус Къармæгонæй, æмæ йын кæд фенцондæр уаид. Фæлæ нæ! Цас фылдæр рæстæг цыд, уыйбæрц тынгдæр мысыд Къармæгон йæ чысыл хур Хъилхъусы. Иу сæрдыгон бон Арыхъхъы рагъыл айхъуыст æмбисонды ха- бар: хъæугæрон иу хæдзары кæрты гæрзтæ ауындзæн бæндæныл йæ хъустæй ауыгъдæй лæууы... Хъилхъус. Йæхи уынаг цæсты- тæй йæ федта иу хъæууон гæды æмæ йæ радзырдта йæ зонгæ хъæддаг гæды Тæлминæйæн, уый та хæрзæггурæггаг фæци Къар- мæгонмæ. Ууыл фырцинæй базыртæ разади. «Фæлæ йæ йæ хъу- стæй цæмæн æрцауыгътой бæндæныл? — сагъæс кодта Къармæ- гон. — Æвæццæгæн та коммæ нæ касти æмæ...» Хъилхъусы коймæ та Арыхъхъы рагъ байдзаг сырдтæ æмæ мæргътæй. — Уæ хорзæхæй! — лæгъстæгæнгæ дзырдта Къармæгон, — фæ- стиат мауал кæнут, — истыхуызы фервæзын кæнут Хъилхъусы. Раст уыцы рæстæг та хъæуырдыгæй стахти бубупгæнаг Опо- 332
па æмæ æрбадти Къармæгоны цур. Сырдтæ æмæ мæргътæ фæ- хъус сты — кæддæра та цы зæгъдзæни Опопа. Опопа та иннæ хæттытау йæ сæрыкъоппайы дымгæгæнæн æрбамбырд кодта æмæ тынг зæрдæрухсæй загъта: — Æз ныртæккæ дæр ма бадтæн иу кæрты гæрзтæауындзæн бæндæныл Хъилхъусы тæккæ раз. Сырдтæ æмæ мæргътæ фырцинæй схъиу-хъиу кодтой, сцъиу- цъиу кодтой: «Куыд у Хъш;хъус?» «Цы дын загъта Хъилхъус?» «Цæмæ сауыгътой Хъилхъус^ бæндæныл?» Опопа йæ базыртæ бацагъта, йæ рæсугъд дымгæгæнæн фæхæ- лиу кодта, ома, басабыр ут, зæгъгæ, стæй загъта: — Æз мæхи дыууæ гага-цæстæй федтон ахæм ныв: иу гыццыл чызг тасы дон ныккодта, сапон рахаста æмæ Хъилхъусы хорз цæхсадта, стæй йæ гæрзтæауындзæн бæндæныл йæ хъустæй са- уыгъта. Афонмæ Хъилхъусы кæрц фæхус кæны, æмæ фæстиат мауал кæнут, кæннод æй гыццыл чызг хæдзармæ бахæсдзæн. Уыцы ныхæстæм сырдтæ æмæ мæргътæ ныххæррæтт кодтой хъæуырдæм. Хъæугæрон сæ Тæлминæ фæурæдта æмæ загъта: — Куыддæр хъæубæстæ базоной мах æрцыд, афтæ рафæдис кæндзысты æмæ нæ сæ арвнæрынгæнæг лæдзджытæй фæцæгъд- дзысты. Фæлæ мах архайын хъæуы хъавгæ. — Хъавгæ-хъуызгæйæ, — срæйдтой рувæстæ. — Хъавгæ-згъоргæйæ, — схъиу-хъиу кодтой зыгъарджытæ. — Хъавгæ-ссæндгæйæ, — бауасыдысты æрсытæ. — Хъавгæ-пæррæстæй, — сцъиу-цъиу кодтой мæргътæ. — Æз цæхæрадонмæ багæпп кæндзынæн, — дарддæр дзырдта Тæлминæ. — Хæдзархъахъхъæнæг куыдзы асайдзынæн мæ фæстæ, æмæ уыцы рæстæг кæртæй раскъæфут Хъилхъусы. Куыд баныхас кодтой сырдтæ æмæ мæргътæ, кæнгæ дæр 6а- кодтой раст афтæ: Тæлминæ йæ фæдыл асайдта хæдзархъахъ- хъæнæг куыдзы, Арсæмæг æмæ рувæсты цæрдæгдæр, урс дæл- лагхъуыр Рувинæт раскъæфтой Хъилхъусы. Арыхъхъы рагъ цины къуыбыр фестад. Стыр хъазт сарæзтой Къармæгоны цæрæнуат — уагъылы къутæры алыварс сырдтæ æмæ мæргътæ. Хорз фæкафыдысты, фаг фæсимдтой, тынг фæзары- дысты суанг хурныгуылдмæ, стæй алчидæр зæрдæрухсæй йæ хæдзар бацагуырдта. Къармæгон нырмæ дæр Хъилхъусы цурæй никæдæм цыди: хъæбыстæ йын кодта, батæ йын кодта. Ныр йæ уазджыты куы афæндараст кодта, уæд Хъилхъусы фарсмæ æрхуыссыд æмæ æхсызгонæй арф ныуулæфыд; — Уæдæмæ мæнæй амондджындæр исчи ис Арыхъхъы рагъыл?! Къармæгон та Хъилхъусы русæн аба кодта æмæ загъта: — Хъилхъус, мæ хур, абонсарæй иу ныхас дæр нæма скодтай. Уыцы сабыр, æнæзмæлгæйæ бадыс. Æви мæ нал зоныс? Æз Къар- мæгон дæн, Къармæгон — дæ Нана! Уыцы рæстæг какон сындзы бынæй Къармæгонмæ æнкъар- 333
дæй касти йæ сыхаг Уызинæт, йæ сатæгсау цæстытæ доны зыл- дысты æмæ-иу сæ йæ чысыл дзæмбыйæ асæрфта. Куыдта йæ мидзæрдæйы Уызинæт. Куыдта уымæн, æмæ зондджын Уызи- нæт хорз æмбæрста, Къармæгон цы тæрхъусыл цин кæны, уый Хъилхъус кæй нæу. Уызинæт хорз зыдта, уый æцæг тæрхъус кæй нæу, фæлæ — хæцъилтæй конд, гыццыл лæппутæ æмæ чыз- джытæн хъазынæн. Кæсы Уызинæт къутæры бынæй Къармæгонмæ æмæ кæуы сым- сымгæнгæ. Къармæгон та уагъылы къутæры бын хуыссæнуат бакодта æмæ басидти Хъилхъусмæ: — Рауай, мæ хур, дæ хуыссæнмæ — афон у фынæй кæнынмæ. Хъилхъус змæлгæ дæр нæ фæкодта, æмæ та Къармæгон но- джы хъæрдæрæй загъта: — Хъилхъус, мæ къона! Рауай дæ хуыссæнуатмæ! Нæй, нæ та ракаст Хъилхъус, æмæ Къармæгон ахъуыды код- та: «Уыцы мæлинаг чызг æй бæндæныл йæ хъустæй æрцауыгъта, æмæ сæ, æвæццæгæн, хорз нал хъусы. Фæлæ ницы кæны — æгайт- ма сæрæгасæй баззад». Къармæгон сабыргай бацыд Хъилхъусы цурмæ æмæ йæ ба- фарста: — Хъилхъус, мæ хур, цæуыл хъуыды кæныс? Джихтæ цæмæн кæныс? Фæлæ та йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта Хъилхъус. Къар- мæгон йæ фарсмæ æрхуыссыд æмæ æнкъардæй дзырдта: — Ма тæрс, Хъилхъус, мæ хур. Дæу фыдуаг лæппутæ æмæ чызджытæ тухæнæй фæмардтой, фæтæрсын дæ кодтой, фæлæ ныр дæ фæллад дæр ссæудзæн, æмæ дæ тарст дæр... Зоныс, Хъилхъус, цас æнæхуыссæг æхсæвтæ арвыстон дæу мысгæйæ? Мæйрухс æхсæв дæ Мæйыл фæдзæхстон, хурбон та — Хурыл. Дымгæйæн дзырдтон мæ сагъæс, мæ катай. Загътон-иу ын: хъу- сыс, Дымгæ, ды алы ранмæ дæр æфтыс, алырдæм фæтæхыс æмæ искуы куы сæмбæлай мæ хъоппæгдзæст Хъилхъусыл, уæд мæм- иу фæхабар кæн. Сæ цæрæнбон бирæ уæд Опопа æмæ Тæлми- нæйæн — уыдон мын цины уац æрбахастой дæуæй, мæ чысыл хур Хъилхъусæй. Къармæгоны ныхæстæм нал баурæдта йæ кæуын Уызинæт æмæ какон сындз къутæры бынæй йæ футт-футт райхъуыст. — Цæуыл кæуыс, мæ уарзон сыхаг Уызинæт? — дисгæнгæйæ афарста Къармæгон æмæ цалдæр къахдзæфы бакодта къутæрырдæм. Уызинæт фыццаг сфæнд кодта Къармæгонæн æцæгдзинад зæ- гъын: кæуыл цин кæны, кæимæ ныхас кæны, уый Хъилхъус кæй нæу, фæлæ сывæллæтты хъазæн тæрхъус. «Фæлæ уæд фырæн- къардæй амæлдзæн Къармæгон, — ахъуыды кодта Уызинæт. — Фæлтау мацы зæгъон мæ сыхагæн». — Цæуыл, зæгъын, кæуыс, Уызинæт? Дæумæ куы дзурын,— ногæй та бафарста Къармæгон. 334
Уызинæт схуыфыд æмæ, цас арæхсти, уыйбæрц йæ кæуын- хъæлæс аивта: — Кæугæ куы нæ кæнын, Къармæгон... Афтæ иугыццыл мæ зæрдæ суынгæг — æгайтма фæзынди нæ уарзон Хъилхъус. — Мæ хъыгыл мын хъыг кодтай, мæ циныл та цин кæныс. Æмæ дæ уый тыххæй стыр бузныг дæн, мæ сыхаг, — загъта Къар- мæгон, стæй ма йæ ныхасыл бафтыдта. — Дæ хорз хорз у, Уызи- нæт, æмæ Хъилхъусы йæ хуыссæнуатмæ бахæссæм. Бафæллад, мæгуырæг, æмæ йæ къæхтыл нал цæуы. Къармæгон æмæ Уызинæт хъавгæ бахастой хуыссæнуатмæ хæцъилæй хуыд ссарæггаг тæрхъусы. Уæвгæ Къармæгоны ницæй тыххæй бауырныдтаид, уый Хъилхъус нæу, уый, æмæ йæ мах дæр афтæ хонæм. Къармæгон æмæ Уызинæт кæрæдзийæн «хæрзæхсæв» загъ- той, кæрæдзийæн изæрон арфæтæ фæкодтой æмæ фæхицæн сты: Уызинæт какон сындз къутæры бын бафынæй, Къармæгон та йæ фыдæлты цæрæнуаты — уагъылыйы бæзджын къутæры бын. Боныцъæхтыл райхъал Къармæгон. Йæ фæлмæн дзæмбыйæ рæвдаугæ асæрфта Хъилхъусы фæсонтæ, йæ уазал русæн ын аба кодта, стæй йæ бафарста: — Райхъал дæ, мæ хур? Фæлæ Хъилхъус ницы сдзырдта, фыццагау джихæй каст дард кæдæмдæр. «Æвæццæгæн мæ нал зоны æмæ уымæн ницы дзуры, — йæхинымæр загъта Къармæгон. — Цæй æмæ йын йæ зæрдыл æрлæууын кæнон йæ сабибонтæ, æмæ æппынфæстаг кæд йæхи æрæмбарид», — ахъуыды та кодта Къармæгон æмæ худгæйæ загъта: — Хъуыды-ма кæныс, Хъилхъус, райсомæй-иу дæ куы рай- хъал кодтон, уæд-иу куыд хъуыр-хъуыр кодтай: «Цæмæн мæ рай- хъал кодтай? Хуры тын мæ цæмæй райхъал кодтаид, мæн уый фæндыд. И-и-и-!..» Кæннод-иу дæхи æхсын куы нæ куымдтай суадоны донæй, уый та?! Кæуын-иу байдыдтай: «И-и-и! Суадо- ны донæй мæ ма цæхс — уый уазал у. Уартæ зыр-зыраг дидин- джыты къусчытæй дон рауадз». Къармæгон дзургæ-дзурын лæмбынæг каст Хъилхъусмæ — кæд, мыййаг, йæ мидбыл бахудид, кæд йæ цæстытæ уазал æрттывд нал кæниккой, зæгъгæ, фæлæ — ницы. Хъилхъус фыццагау джи- хæй касти дард кæдæмдæр... Къармæгоны-иу арæх афарстой хъæды цæрджытæ: «Цæй, куыд у Хъилхъус, нæма фæдзæбæх?» Æппæт фæрсджытæн дæр-иу Къармæгон лæвæрдта иунæг дзуапп: «Дзæбæх у бæргæ, Хъил- хъус, ницы дзы риссы, фæлæ мын нæ хæргæ кæны, нæ — цæугæ». ...Ралæууыдысты фæззæджы фыццаг бонтæ. Арыхъхъы рагъ дардмæ зынди фисткалæг сырх рувасы хуызæн. Фæстаг рæстæг Къармæгон зынгæ фæуæзбындæр. Уагъылы къутæрæй дард нал цыди, фæлæ уæддæр хъæздыг фæззыгон хъæды алы хæринæгтæ ардта æмæ сæ Хъилхъусы цур кæри самадта. 335
— Ахæр, Хъилхъус, ахæр! — лæгъстæ кодта Къармæгон, фæлæ Хъилхъус фыццагау æбæрæг дард кæдæмдæр касти. «Уæдæ ма цы хуыздæр хæринаг æрхæссон Хъилхъусæн?» — ныссагъæс кодта Къармæгон. Йæ зæрдыл æрлæууыдысты хъæу- гæрон цæхæрадæтты хæрзад уырыдзытæ. Æмæ иу хурджын рай- сом рабалц кодта, йæ ныфс рагæй кæдæм нал хаста, уырдæм: хъæугæроны уырыдзыджын цæхæрадæттæм. Йæ балц фæрæстмæ Къармæгонæн: каурæбынтæм хæстæг ссардта цалдæр хæдæвзæрд уырыдзыйы æмæ цингæнгæ уæзбын уадæй згъордта фæстæмæ Арыхъхъы рагъмæ. Къармæгон куы бахæстæг йæ райгуырæн хъæдмæ, уæд джи- хæй аззад: хъæды сæрты æрбаленк кодтой сатæгсау мигътæ. «Ца- лынмæ нæ рауарыд, уæдмæ куы бахæццæ уаин мæ хъоппæгдзæст Хъилхъусмæ, кæннод, мыййаг, куы ныххуылыдз уа æмæ тынг- дæр куы фæрынчын уа», — загъта йæхинымæр Къармæгон æмæ тарстхуызæй касти сау мигътæм. Фæлæ уыдон сау мигътæ нæ уыдысты. Уый уыди арты сау фæздæг. Къармæгон фахсыл куы суади, уæд хъæды хæд сæрмæ ауыд- та хуры цæхæр. Æмæ тынг бадис кодта: арвыл дыууæ хуры?! Фæлæ уый хуры цæхæр нæ уыди. Уый хъæды сæрмæ ферттыв- той арты цæхæртæ. Къармæгон куыддæр хъæдрæбынмæ схæццæ, афтæ федта æмбисонды диссаг: хъæды арфæй кæрæдзийы къуырттытæгæн- гæйæ, æзфæраздæронæй згъордтой-лыгъдысты сырдтæ: сагтæ æмæ сæгуыттæ, æрсытæ æмæ бирæгътæ, рувæстæ æмæ тæрхъустæ. Уызынтæ та сындзкъутæртау тылдысты фахсæй комы нарæгмæ. Хъæды кæрон Къармæгоны размæ фæци Уызинæт æмæ удаи- стæй дзырдта: — Хъæд судзгæ æрбацæуы, фæлæ нæ сæртæ бафснайæм! Уыцы ныхасмæ Къармæгоны цæстытæ ферттывтой. — Мæ хъæбул — уагъылы къутæры бын! — райхъуыст Къар- мæгоны тарст хъæр æмæ судзгæ хъæдырдæм ныййарц. — Раздæх, Къармæгон! Арт уагъылы къутæрмæ æрбахæццæ! Раздæх! — йæ фæстæ ма фæдисхъæр кодтой Уызинæт æмæ иннæ сырдтæ, фæлæ Къармæгон фæстæмæ дæр нал ракаст. Йæ ных сарæзта уагъылы къутæрмæ. Згъоргæ-згъорын ыл судзгæ бæлæ- стæй æрхауд цалдæр æхсидавы, фæлæ сæ Къармæгон хъуыды дæр не ’ркодта. Уагъылы къутæры алыварс пиллон уагътой æхсæр къутæртæ, тулдз бгёлæстæ. Арты сырх фæйлауæнтæ ратæх-ба- тæх кодтой арвы цъæхыл. Иу ныхасæй, Арыхъхъы рагъ арты зындон фестади! — Æмæ раздæхти Къармæгон? — кæугæйæ афарста тæрхъусы лæппынты кæстæр Пухинæт. — Нæ, мæ чысыл хур, — арф ныуулæфгæйæ загъта Тæкку- Баба. — Мады зæрдæ уыйбæрц уарзаг, уыйбæрц ныфсджын у, æмæ йæ хъæбулы сæраппонд ницæмæй фæтæрсдзæн ацы сау зæх- 336
хыл. Къармæгон дæр, кæд мæ хъæбулы фервæзын кæнин, зæгъгæ, йæхи фехста фæйлаугæ артмæ... Тæкку-Баба ма цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ йын кæуын- дзæг йæ хъуыр ахгæдта æмæ йе ставд дзæмбыйæ сусæгæй асæр- фта йæ цæссыг. Тæкку-Нана дæр нырмæ ацы хабар никуы фехъуыста æмæ джихæй баззад. Æрæджиау афтæ зæгъы: — Мæгуыр йæ бон Къармæгонæн... Фæлæ Хъилхъус та цы баци, Хъилхъус? — Æцæг, æцæг! Цы фæци Хъилхъус? — бафарста Пухинæт дæр. Тæкку-Баба та дарддæр кодта йæ ныхас: — Хъилхъусы гыццыл лæппутæ æрцахстой æмæ йæ хъæууон тæрхъустимæ æндарæны бакодтой. Цалдæр мæйы фæстæ йæ уа- дзын байдыдтой цæхæрадонмæ. Арыхъхъы рагъыл хъæд куы ссыгъди, уæд адæм се ’ппæт дæр афæдис кодтой хъæд хуыссын кæнынмæ. Хъилхъус æнæ хъахъхъæнæгæй куы аззад, уæд кау- рæбын йæ дзæмбытæй ракъахта æмæ рафардæг и Арыхъхъы рагъмæ. Рагърæбын хæрхæмбæлд фæци Уызинæтыл, æмæ йын уый радзырдта Къармæгоны æнкъард хабæрттæ. Хъилхъус бирæ фæкуыдта йæ фæлмæнзæрдæ мад Къармæгоны сæфтыл, фæлæ ма цы кодтаид?.. — Фæлæ уæддæр цы фæци Хъилхъус, кæм ис ныртæккæ? — ногæй та бафарста Пухинæт. Тæкку-Баба æнкъардæй йæ мидбыл бахудт æмæ загъта: — Хъилхъус кæм ис, зæгъыс, мæ чысыл хур? Мæнæ йæ гыц- цыл лæппынты астæу хуыссы æмæ уын дзуры уæ фæлмæнзæрдæ фыдымад Къармæгоны æнкъард таурæгъ... ДЗЕГУЫНДÆ ( Скъуыддзæгтæ) Морæ мæлдзыг Морæдзыг Тæргайдоны былыл цардысты æмæ уыдысты æртæфондзыс- сæдз сау мæлдзыджы, стæй иу морæ мæлдзыг. Морæ мæлдзы- гæн йæ ном хуынди Морæдзыг. Тынг хъæлдзæг æмæ уæздан уыди. Стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, куыстуарзаг. Уæхæдæг-ма ахъуы- ды кæнут: махмæ, адæммæ, арæх афтæ фæзæгъынц: «Цæуыннæ кусыс? Æнцад цæмæн бадыс?!» Морæдзыгæн та йæ зонгæтæ æдзух афтæ дзырдтой: «Цæмæн кусыс — дæ фæллад уал цæуыннæ суадзыс?» Ахæм рæстæг-иу Морæдзыг ноджы цæрдæгдæрæй февнæлдта йæ кусинагмæ æмæ-иу загъта: «Кусын зæрдæйы рухс у, мæ хæд- зæрттæ, зæрдæйы рухс». Тынг амондджынæй цардысты иу æмæ æртиссæдз мæлдзы- джы Тæргайдоны был иу къуырф уирагдуры бын. «Цу-ма» кæ- рæдзийæн никуы загътой, афтæмæй сæ куыст æрдæгыл никуы 22 Ирон Л1гтературæ сывæллæттæн 337
баззад. Хуры ’рбацыдæй Хуры ацыдмæ сæ разгъор-базгъор, сæ кусынæй никуы банцадысты. Гъе, афтæ цардысты. Æмæ ма абон дæр цæриккой Тæргайдоны был къуырф уирагдуры бын, фæлæ... фæлæ иууылдæр Тотайы аххæстæ уыдысты. Дзуарыхъæуккаг Тотайæ зæгъын. Ау, Тотайы нæ зонут? Мæнæ балтæ сырх кæ- нын куы байдыдтой, уæд авд азы кæуыл сæххæст, уыцы Тотайы! Иубон Тота дуртæ æхста Тæргайдоны сæрты. Чи дзы донмæ хауд, чи та — доны фаллаг фарсмæ. Дур-иу доны фале куы ’рха- уд, уæд-иу Тота бацин кодта. Раст уыцы рæстæг морæ мæлдзыг Морæдзыг æрбацæйхаста къогъойы базыр. Йæ мадымад Мæл- дзыгойы уаты рудзынгæн æмбæрзæн нæ уыд, æмæ йын абон рай- сом къогъойы базыр хæссынмæ рацыд. Тотайы куы ауыдта дуртæ уидзгæ, дуртæ ’хсгæ, уæд йæ къогъойы базыр æрыскъæфы сырх æндахы æнцой авæрдта æмæ сæхимæ ныййарц. Къуырф уирагду- ры цурмæ куы бахæццæ, уæд ныхъхъæр кодта: — Æфсымæртæ-мæлдзгуытæ! Фыдбылызæй хызт ут! Фыдуаг лæппу æрбацæуы дуртæ уидзгæ, дуртæ фæлдахгæ. Къуыртт æмæ лæппынты зæххы бын лæгæттæм хæссут! Æз цæуын йæ размæ, селадурмæ схиздзынæн æмæ йæм мæ цæст дардзынæн. Сау мæлдзгуытæ къуыртт æмæ лæппынты уайтагъд зæххы бын лæгæтты бамидæг кодтой. Иу-цалдæрæй дзы фæдисы рацы- дысты, Морæдзыг цы бацис, стæй фыдуаг лæппу чердæм цæуы, уый базоныны тыххæй. Уирагдуры сæрмæ куы схæццæ сты, уæд федтой: фыдуаг лæппу селадур систа, Морæдзыг йæ уæлæ, аф- тæмæй, æмæ йæ... фехста Тæргайдоны сæрты. Сау мæлдзгуытæн фырхъыг æмæ фырмæстæй сæ цæстытæ атартæ сты, стæй бын- тон æрæджиау æнкъардæй раздæхтысты... Морæдзыгæн мад æмæ фыд нал уыдис. Иу уаргæ бон сæ доны уылæн æрбаййæфта æмæ сæ ахаста. Уæдæй фæстæмæ цардис йæ мадымад Мæлдзыгоимæ иу уаты. Ныр сау мæлдзгуытæ-фæди- сæттæ æрлæууыдысты Мæлдзыгойы цур уæнтæхъилæй, сæрныл- лæгæй: — Бирæ зындзинæдтæ федтай, Мæлдзыгой, — райдыдта дзу- рын сау мæлдзгуыты хистæр, — фæлæ сын бафæрæзтай. Бафæ- раз ныр дæр. Дæ зæронд зæрдæ ныффидар кæн — Морæдзыг нал ис. Фæмард фыдуаг лæппуйы къухæй нæ фидауц, нæ уæздан Морæдзыг. Æртæ боны æмæ æртæ ’хсæвы Мæлдзыгойы зæронд цæстытæ сæ уарынæй нæ банцадысты — ставд цæссыг фезгъæлдтой. Бо- ныцъæхтыл-иу Морæдзыджы сынтæгыл ныддæлгом Мæлдзыгой æмæ-иу дзырдта кæугæйæ: — Уæ мæ уарзон Морæдзыг, кæмæн мæ ныууагътай зæрон- дæй? Æз мæхи Хурæн нал фенын кæндзынæн, æз — æнамонд сау мæлдзыг, сау цæссыг фестдзынæн... Хур фехъуыста Мæлдзыгойы хъарджытæ. Йæ зæрдæ суын- гæг æмæ нæ цæссыг урс æврагъæй асæрфта, стæй йæ зæрин ты- нæн бафæдзæхста: 338
— Цу тæхгæ æмæ зæгъ Мæлдзыгойæн: «Æгас у дæ уарзон Морæдзыг. Цæры фурды фале». Æмæ, æцæгдæр! Морæдзыг нæ фæмард. Селадурыл атахт Тæр- гайдоны сæрты, былгæрон хæлуарæджы тыны скъуыды фæфи- дар, дур та иу цъæх хæфсы фарсмæ цъыфдзасты ныссагьд. Хуры аныгуылынмæ бирæ нал уыд. Æвæллад мæлдзыг цæс- тыфæныкъуылдмæ халгæрдæгыл цас сызгъордта, уыйбæрц ма йæ хъуыд цъæх къуыбырмæ. Раст уыцы афон залмы сыфы бынæй рабырыд тымбылгуыбын дзыгъуыр хæлуарæг æмæ тынг æнкъар- дæй загъта: — Дæлæ хорз мæлдзыг, мæ тын мын цæмæн ныппырх кодтай? Мæнæй ма æнамонддæр исчи уыдзæн цымæ ацы арвы бын?! — Æз дæуæй æнамонддæр, хорз хæлуарæг, — дзуапп радта Мо- рæдзыг æмæ йæ лыстæг астæуæй хæлуарæджы тын райхæлдта. Стæй радзырдта дзыгъуыр хæлуарæгæн, иу фыдуаг лæппу йæ фурды сæрты кæй фехста селадурыл бадгæйæ. Æмæ ныр кæй никуал фендзæн йæ зæронд мадымад Мæлдзыгойы, йæ иузæрди- он æмбæлтты. — Ныр дæ бауырныдта, æвæццæгæн, æз дæуæй бирæ æнамонд- дæр кæй дæн, — арф ныуулæфгæйæ загъта Морæдзыг. Дзыгъуыр хæлуарæг тынг фæтæригъæд кодта Морæдзыгæн, залмы сыфыл æрæнцой кодта æмæ хурныгуылдмæ фæхъуыды кодта. Стæй загъта: — Хорз мæлдзыг Морæдзыг! Тыхсгæ ма кæн, иу бон, иу дым- гæбон фурды фале балæудзыстæм. Дæ уарзон мадымад Мæлд- зыгойы уаты дуар бахойдзыстæм, æмæ ды кæнгæ хъæлæсæй зæгъ- дзынæ: «Уазæг нæ уадзут?» Ахх-ахх-ахх! — куыд цин кæндзæн Мæлдзыгой! Морæдзыгæн йæ зæрдæ суынгæг, йæхи ныффидар кодта, фæлæ уæддæр йæ цæссыг урс гагайæ æртылд йæ хурсыгъд морæ русыл. Цалдæр хатты йæ сдзурын фæндыд, фæлæ та-иу йæ хъуыр ахгæдта. Æрæджиау тынг æнкъардæй загъта: — Æз — æнамонд фалдойнаг морæ мæлдзыг. Мæ райгуырæн бæстæм никуал бафтдзынæн... Уæд мыл цæмæн худыс? Дзыгъуыр хæлуарæг йæ удæй бацыд: — Ма тыхс, ма тыхс, Морæдзыг. Æз дæ бахæццæ кæндзынæн дæ райгуырæн бæстæм... Ныр та изæр у æмæ уал ардæм рацу — фысым дын уыдзынæн. ...Стъалытæ разындысты арвы тар цъæхыл. Мæнтæджы пæ- лæхсар сыфы аууонæй скасти Мæй йæ цалхыдзагæй. Рог Уд- дзæф хатгай æрбауылæн кæны, æмæ Морæдзыг стæй хæлуарæг цы залмы сыфыл бадынц, уый куы иуырдæм, куы иннæрдæм аленк кæны. Бирæ фæныхæстæ кодтой, бирæ хабæрттæ фæдзырдтой кæ- рæдзийæн Морæдзыг æмæ дзыгъуыр хæлуарæг уыцы мæйрухс æхсæв. Фæстагмæ Морæдзыджы хуыссæг ахсын байдыдта, фæлæ ма уæддæр бафарста: 339
— Йарæбын, Дзыгъуыри, базыртæ дын куы нæ ис, уæд мæ цы хуызы ахæссинаг дæ фурды сæрты? Дзыгъуыр хæлуарæг йæ мидбыл бахудт: — Мæнæ Дымгæ ракæна, стæй йæ дæхæдæг фендзынæ. Ныр та уал фынæй акæн — хуыссæг дæ куы ’рцахста. — Æмæ ды та, Дзыгъуыри? — йæ цæстытæ аууæрдгæйæ афар- ста Морæдзыг. — Мæн ахсæв не ’вдæлы. Райсом мын хæлуарджытæй мæ тын æдзæллаг æмæ скъуыдтæй чи фена, уый цы зæгъдзæн? Худинаг у, тынг худинаг зивæггæнаг махмæ, хæлуарджытæм. — Омæ, райсом... бон нал... кæны, — йæ мидфынæйæ ма сдзырдта Морæдзыг æмæ йæ сабыр сым-сым райхъуыст. Хæлуарæг йæ мидбыл бахудт, залмы сыфы бынæй тæнæг хъуы- на хъæццул рахаста æмæ йæ Морæдзыгыл æрæмбæрзта, стæй тынг сабырæй загъта: , — Хæрзфынтæ фен... ...Æхсæв-бонмæ стьалытæ æмбæхсджытæй фæхъазыдысты. Бо- ныцъæхтыл сæм сæ мад бадзырдта. Бонвæрноны ма хъазын фæн- дыди æмæ арвгæрон иучысыл афæстиат, стæй уый дæр афардæг и. Арв сафтид. Хуры хъæстæ фæци. Зæхх дæр райхъал. Дидин- джыты къусчыты, сыфтæрты дæллагхъуырты æмæ уæллагхъуыр- ты фæрдыгцырæгътæ ссыгъдысты: чи дзы æрттивы æвзистау, чи та зæрин цæхæр калы. Тымбыл сыгъзæрин цырагъ ссыгъди раст Морæдзыджы хæд сæрмæ халгæрдæджы даргъ сыфы кæрон. Морæдзыг аууæрста йæ цæстытæ. Ракасти æмæ федта диссаг — йæ ракомкоммæ дзыгъуыр хæлуарæг йæ тын уæфт фæци æмæ йæ мидбылхудгæ нымайы йæ рæсугъд тыны сыгъзæрин цырæгътæ. Дзыгъуыри-хæлуарæг æнæзивæг æмæ кусаг кæй разынд, уый уæлдай æхсызгондæр у Морæдзыгæн. Йæ зæрдæ дзы барухс æмæ йæм æрдзырдта: — Дæ райсом хорз, Дзыгъуыри-хæлуарæг, æмæ дæ зæрдæ рай- æд дæ куыстæй. Хæлуарæджы ракæсынмæ нæ равдæлди цырæгътæ нымайы- нæй, фæлæ уæддæр загъта: — Кæй райсом у, уый хорзæх дæ уæд. Тагъд рæстæг дæ райгуы- рæн зæххыл куыд сæмбæлай, дæ уарзон мадымад Мæлдзыгойы куыд фенай! Мæлдзыгой æмæ райгуырæн зæххы коймæ нынкъарди Мо- рæдзыг. Дзыгъуыри-хæлуарæг æй фембæрста æмæ йын зæрдæ бавæрдта: — Тыхсгæ ма кæн, æнкъард дæр ма кæн, хорз мæлдзыг Морæ- дзыг. Куыддæр радымгæ кæна, афтæ фурды фале балæудзыстæм. Фæлæ Дымгæ кæмдæр ныффæстиат. Нал æмæ нал тахти Тæр- гайдоны былмæ. «Æвæццæгæн, фгвдзæгъæл тар хъæды искуы æмæ фæндаг нал зоны ардæм», — хъуыды кодта Морæдзыг. Иурайсом, иу цъæх райсом Дымгæйы фырт Рог Уддзæф хæр- зæггурæггаг фæци Морæдзыг æмæ Дзыгъуыри-хæлуарæгмæ: 340
«Дада æрбацæуы!» Уыцы ныхас фехъуыстой Кæрдæгбæстæйы цæрджытæй алчи дæр — хилæгæй, згъорæгæй се ’ппæт дæр æмæ уайтагъд фесты сæ сæртæ ’фснайынмæ, æрмæст Морæдзыг æмæ Дзыгьуыри-хæлуарæгæй фæстæмæ. Уыдон Тæргайдоны тæккæ былгæрон сызгъордтой Бурдзалыджы зæнгыл æмæ Дымгæйы æрбахæццæмæ йæ бур цъуппыл балæууыдысты. Дымгæйы парахат улæфтæй фæцуды кæрдæг, æрхуыссы æмæ фесты. Бæрзонд Бурдзалыг дæр йæ бур сæр ныууигъы, Тæргай- доны пырхæнтæй ныххуылыдз йæ цъæх фæджджи. Морæдзыг ахæм бæрзонд, ахæм тæссаг ран никуыма уыд. Дымгæ бон-иу йæ мадымад Мæлдзыгойы фарсмæ бадти хъарм уирагдуры бын æмæ-иу хъуыста Дымгæйы зарджытæм. Морæ- дзыгæн йæ зæрдыл æрлæууыдысты йæ ивгъуыд бонтæ. Суанг ма дзы йæ тæссаг уавæр дæр байрох, æмæ гыццыл ма бахъæуа Дымгæ йæ ма аскъæфа. — Чысыл-ма бафæраз, — дзуры йæм хæлуарæг — æз ме ’ндах æрбæттон. Дзыгъуыри-хæлуарæг Бурдзалыджы бæрзондыл фидар ныб- баста йæ тынуафæн æндахы кæрон æмæ дзуры Морæдзыгмæ хъæлдзæгæй: — Гъеныр æрбахиз ме рагъмæ. Дурыл куыд тахтæ, уымæй сындæгдæр тæхдзыстæм, фæлæ-иу ма тæрс. Морæдзыг йе ’хсæз къахæй дæр фидар æрхæцыд Дзыгъуыри- хæлуарæджы рагъыл. Хæлуарæг ма чысыл банхъæлмæ каст Дым- гæйы ног æрбаулæфтмæ, стæй Бурдзалыджы бур дидинæгæй ра- тахт йæ фæстæ тынуафæн æвзист æндах уадзгæйæ. Уайтагъд фурды фале æрыскъæфы урс дидинæгыл æрбадтысты. Хæлуа- рæг йæ тынуафæн æндахы кæрон æрыскъæфы сыфтæрыл абаста æмæ загъта: — Мæ хæлар Морæдзыг, ацы æвзист æндах нын уыдзæн фур- ды сæрты уæлдæфон фæндаг. Æмæ кæдфæнды дæр цæудзыстæм уазæгуаты кæрæдзимæ. Дзыгъуыри-хæлуарæг хъавыди фæстæмæ аздæхынмæ, фæлæ йæ Морæдзыг нæ ауагъта, æмæ æрыскъæфы дидинæгæй æрхыз- тысты зæхмæ. — Мæнæ диссаг! — цины хъæр фæкодта Морæдзыг, — цалдæр боны размæ рудзынгæмбæрзæнæн цы къогъойы базыр хастон, уый мæ размæ фæци! Дыууæ хæлары, Морæдзыг æмæ Дзыгъуыри-хæлуарæг, къо- гъойы базыр сæ сæрмæ бæрзонд систой æмæ сыфтæрбынты хъазгæ-згъоргæ бахæццæ сты уирагдурмæ — мæлдзгуыты хæ- дзармæ. Хæдзары дуармæ лæууыдысты дыууæ сау мæлдзыджы — дыууæ хъахъхъæнæджы æмæ мидæмæ бацæуын нæ уагътой нæ- дæр Морæдзыджы, нæдæр хæлуарæджы. — Æз Морæдзыг дæн, нал мæ зонут æви цы? — йæхи сын амыдта Морæдзыг. — Морæдзыг раджы фæмард, фæлæ нæ йæ рухс номæй кæй 341
сайыс, уый дын хорз нæ рауайдзæн, — загътой сау мæлдзгуытæ тынг мæстыйæ æмæ фæдисмæ сидæг тымбыл кафт æркодтой. Уираг- дуры бынæй уайтагъд разгъордтой сау мæлдзгуытæ-фæдисонтæ. Æппæты разæй згъордта зæронд Мæлдзыго. Морæдзыджы куы ауыдта, уæд джихæй аззад, стæй йæ ныккодта йæ хъæбысы. Цалынмæ Морæдзыг йæ хабæрттæ дзырдта, уæдмæ мæлдзыг- фæсивæд фынгтæ равæрдтой дугъысыфыл. Æмæ цы хæрд, цы минас нæ уыди уым! Уый дын цæхæраджынтæ, дзындзалæг- джынтæ, æрыскъæфы кæрстытæ, ноджыдæр цъыр-цъыраджы къах хурмæфыхæй. Æмæ се ’ппæт нымад чи фæуыдзæн! Æз дæр сæм- бæлдтæн уыцы куывды — фæндаггон лæг кæдæм нæ бафты! Авд боны æмæ авд æхсæвы минас фæкодтам, хорз фæкафыдыстæм. Уæлдай тынгдæр сын бауарзтон сæ нозт — кæроджы дон. Гыц- цыл туагбын уыди, фæлæ йæ æрыскъæфы карстимæ зæрдæ тынг агуырдта. Мæнæн, кæй зæгъын æй хъæуы, мæлдзгуытæм хорз цард уыди. Дзыгъуыри-хæлуарæджы хуызæн мæ буц дардтой, стæй мæ хæ- луарæгæй къаддæр нæ уарзтой. Æз сæ мæхæдæг дæр бауарзтон, уæлдайдæр — нарæгастæу Дзегуындæйы. Уый мæ зонгæ хъоп- пæгдзæст сау мæлдзыгæй зæгъын. Стæй, цы уын æй сусæг кæ- нон, сæ нозт — кæроджы дон — арæх мысыдтæн. Æмæ та иубон мæ фæндаг Тæргайдоны былтыл ракодтон. Цæй зын мын уыди, мæлдзгуытыл уирагдур фæлдæхтæй куы федтон, сæ хæдзаруат дзæгъæл æмæ афтидæй! Иу фæндаггон майрæмыкарк мын радзырдта, цавæрдæр лæп- пу, дам, дуртæ ’хсгæ æмæ дуртæ фæлдахгæ æрбацыд ауылты. Фехæлдта мæлдзгуыты хæдзар дæр. Уæд мæлдзгуытæ иу æмæ æртиссæдзæй, сæ разæй дзыгъуыр хæлуарæг, афтæмæй, ахызты- сты фурды сæрты цавæрдæр æвзист фæндагыл. Æз хабар бамбæрстон, фæлæ мын æнцондæр нæ фæци. Бирæ фæбадтæн, мæ сауцæст Дзегуындæимæ кæм фæкафыдтæн, уыцы æрвхуыз дидинджыты цур, стæй æнкъардæй раздæхтæн нæхимæ. Цы хъæуы амондджын уæвынæн? ...Мæныл тынг бирæ хорз бонтæ скодта Кæрдæгбæстæйы цæргæйæ. Æмæ сæ цæрæнбонтæм мысдзынæн. Фæлæ цард æдзух иухуызон нæ хæссы! Мæн никуы бауырныдтаид, хæларзæрдæ æмæ куыстуарзаг мæлдзгуыты æхсæн цæргæйæ кæйдæрты тыххæй дзуапп дæт- дзынæн, кæйдæрты тыххæй æфсæрмы кæндзынæн, уый. Фæлæ уыдис ахæм бон. Иурайсом мæнмæ æрбацыд мæ хорз æмбал Морæдзыг. Мæ- нæн тынг æхсызгон уыд йæ фенд æмæ йæ размæ рауадтæн, зæ- гъын, !мæ хъæбысы йæ ныккæнон. Фæлæ мын Морæдзыг «дæ райсом хорз» дæр нæ загъта. Æрлæууыд мæ разы æлхынцъæр- фыгæй æмæ райдыдта дзурын: 342
— Дæуыл, Дзег, абон æнкъард бон скодта. Мæнмæ афтæ фæкаст, цыма Морæдзыг хъазгæ кæны æмæ худгæйæ загътон: — Æз сæударæй нырмæ кæнын Дзегуындæйы ныв, кæнын æй зæрдæрухс æмæ хъæлдзæгæй, уæд цавæр æнкъард боны кой кæ- ныс? Фæлæ Морæдзыг хъазгæ нæ кодта. Уый тынг мæсты æмæ æрхæндæгæй дзырдта: — Знон хурныгуылды Дзыгъуыри-хæлуарæг æрбаздæхт Тæр- гайдоны фаллаг фарсæй. Æмæ нын радзырдта ахæм хабар: «Цал- дæр лæппуйы ссардтой мæлдзгуыты губакк æмæ йæ хъæууат фес- тын кодтой, дурæй-дурмæ фæхостой къуырпуадзæг мæлдзгуыты». Мæнæн ахæм хабар æхсызгон кæм уыдаид! Æмæ рахъыг кодтон: — Тынг зын мын у, тынг хъыг мын у... Мæн цыма Морæдзыг хъусгæ дæр нæ фæкодта, уыйау дард- дæр тызмæгæй дзырдта: — Дæу дзуапп дæттын бахъæудзæн адæмы тыххæй. Уымæн æмæ мæлдзгуыты губакк ныппырх кодтой адæймæгтæ. Ды дæр дæ адæймаг, Дзег! Æз мæхи сраст кæныныл афæлвæрдтон: — Уæ, Морæдзыг, — лæгъстæгæнæгау загътон, — мæлдзгуыты губакк чи ныппырх кодта, уыдон æз зонгæ дæр нæ кæнын. Уæд искæй тыххæй дзуапп куыд дæттон? - Морæдзыгæн йæ цæстытæ мæсты æрттывд фæкодтой: — Сымахæн, адæмæн, уæ аххос, растдæр зæгъгæйæ, уæ мæгуыр- дзинад уый мидæг ис, кæрæдзийы бæсты дзуапп кæй нæ дæттут. Кæрæдзийæн дзуапдæттæг куы уаиккат, уæд Тæргайдоны фал- лаг фарс цавæрдæр адæймæгтæ мæлдзгуыты нæ фæхостаиккой дурæй дурмæ. Ныр мæ фæдыл рараст у мæлдзгуыты Стыр Ны- хасмæ: мæн дæумæ рарвыстой нæ мыггаджы хистæртæ. Æз ницыуал загътон, афтæмæй араст дæн Морæдзыджы фæстæ. Æмæ ма зæгъгæ дæр цы кодтаин? Бамбæрстон мæ рæ- дыд. Мæлдзгуыты сау сæфты æз дæр аххосджын кæй дæн, уый мæм тынг бахъардта. Халгæрдæджы астæуты фæндагыл цæугæйæ нæ размæ фæци урсдадалиджын зæронд мæлдзыг. Уый йæ фыртыфырты сæ хæ- дзармæ здæхта, фæлæ гыццыл мæлдзыг йæ коммæ нæ касти. Уæд æм зæронд мæлдзыг тынг смæсты æмæ йæ ралгъыста: «Адæймаг дыл амбæла æмæ дæ дурæй дурмæ фæхойа, кæд цæй фыдуаг мæлдзыг дæ!» Æз уыцы ныхæстæ куы фехъуыстон, уæд тынг фефсæрмы дæн. Æз фефсæрмы дæн, кæй зæгъын æй хъæуы, мæхи тыххæй нæ, фæлæ æфсæрмы кæнын кæмæн æмбæлы, уыдоны тыххæй. Æмæ мæхинымæр сфæнд кодтон, адæймаг кæй дæн, ууыл нæ басæттын мæлдзгуыты Стыр Ныхасы. Стыр Ныхасмæ уыйбæрц мæлдзгуытæ æрæмбырд и, æмæ дзы къух бакæнæн нал уыд. Æз афтæ знæт æмæ мæстыйæ никуы фед- 343
тон мæлдзгуыты æмæ, раст зæгьын хъæуы, æдас дæр нæ уыдтæн. Уымæн æмæ мæлдзыг-фæсивæд иу-цалдæр къордæй тохмæ сидæн тымбыл кафт кодтой. Уыцы кафт та фæкæнынц, се знаг сæ размæ куы вæййы, æрмæстдæр уæд. Ацы хатт знаджы бынаты лæууыд- тæн æз — Дзег, мæлдзгуыты иузæрдион хæлар. Морæдзыг æппæты зæронддæр мæлдзыгæн йæ хъусы цыдæртæ адзырдта. Æвæццæгæн ын загъта, æз — адæймаг Дзег, — кæй æрбацыдтæн æмæ æмбырд райдайынæн афон кæй у. Зæронд мæлдзыг йæ хъуынджын æрфгуытæй рыгтæ ацагъта æмæ сыстад, стæй загъта: — Æфсымæртæ-мæлдзгуытæ! Басабыр ут, уæхи фæуромут! Мæнæй тынгдæр ничи ныххæцид адæймаджы зæнгыл йæ аркъау дæндагæй, афтæ мæсты дæн! Фæлæ ма рох кæнæм нæ хорз æгъдау: мах кæрæдзийы бæсты дзуапп дæттæм нæ алы хъуыддаджы дæр. Уый у нæ царды бындур æмæ йæ ма фехалæм. Ныр та байхъусæм адæймагмæ. Зæронд мæлдзыгæн йе ’ргом здæхт уыдис мæлдзгуытæм, ныр раздæхти мæнырдæм: — Дзур, адæймаг! — загъта мæстыйæ,—дзуапп ратт мах раз де стыр фыдмийæн. Æз зæгъинаг уыдтæн, адæймаг нæ дæн æмæ сымах раз ницы аххосджын дæн, зæгъгæ, фæлæ мæ фыртыхст æмæ къæмдзæсты- гæй мæ хъуыдытæ схæццæ-мæццæ сты æмæ загътон: — Æз... Æз адæймаг дæн... Мæлдзгуыты дурæй дурмæ чи фæхоста, уыдон та адæймæгтæ нæ уыдысты. Уыдон... уыдон уыдысты... дыкъахыг цæрæгойтæ. Уæд æз, адæймаг, цæмæн дæт- тын дзуапп дыкъахыг цæрæгойты тыххæй? Æз, адæймаг, цы ах- хосджын дæн сымах раз? Мæлдзгуытæ ныхъхъус, ныссабыр сты. Хистæрты ’хсæнæй рахызт иу зæронд мæлдзыг, йæ гуыбыр фæсонтæ, цас ын куымд- той, уыйбæрц сраст кодта æмæ йæ мидбылты бахудт. Æз уай- тагъддæр базыдтон Мæлдзыгойы, Морæдзыгæн йæ хорз мады- мады. Мæлдзыго загъта: — Æз мæ зæронд зæрдæйæ куыд бамбæрстон, афтæмæй адæм дих кæнынц æппынкъаддæр дыууæ хуызыл: æцæг адæймæгтыл, мæнæ Дзеджы хуызæнтæ, стæй... уæвгæ иннæтæ сæ койы аргъ дæр не сты. Уыцы ныхæсты фæстæ Мæлдзыго мæнмæ æрбацыди, йæ хъæбы- сы мæ ныккодта æмæ ме уæхскы сæрты мæлдзгуытæм адзырдта: — Уæ, хорз мæлдзгуытæ! Дзег мæнæн хъæбулы ад куы кæны, мæхинымæр дзы Морæдзыгæн æфсымæр куы загътон, уæд сы- мах йæ алыварс тохмæ сидæн тымбыл кафт цæмæн кæнут? Уый адæймаг у, бамбарут, адæймаг! Мæлдзыг-фæсивæд уайтагъд сæ мæсты кафт ныууагътой. Се ’ппæт дæр мæныл тынг цин кæнын байдыдтой. Иу чидæр ма сæ афтæ дæр ныхъхъæр кодта: «Æгас цæуæд адæймаг!» Мæнæн уыцы уарзон ныхæстæм мæ зæрдæ æрбауынгæг. Уымæн æмæ рагæй 344
дæр мæ конд афтæ у: зындзинад æмæ рисæн фæразон дæн, фæлæ уарзон æмæ фæлмæн ныхæстæй мæ зæрдæ æрбауынгæг вæййы, стæй мæ сæр разилы. Мæлдзгуыты стыр æмбырд рахæлиу. Алкæмæн йæ куыст йæ зæр- дыл æрлæууыд æмæ фæраст сты: чи кæдæм, чи кæдæм. Мæнæй Морæдзыг стыр хатыртæ ракуырдта æмæ уый дæр араст и йæ фæн- дагыл тынг æнæвдæлонхуызæй. Æз уысмы бæрц иунæгæй аззадтæн æмæ хъуыдытæ кодтон адæймаджы ном æмæ царды тыххæй. Уыцы рæстæг мæнмæ æфсæрмхуызæй æрбацыд... Чи, сымахмæ гæсгæ? Кæй зæгьын æй хъæуы, Дзегуындæ! Æмæ мын загъта: — Дзег! Ды æцæгæй дæр адæймаг кæй дæ, уый æз раджы ба- зыдтон: урс дидинджыты урс къæвдайы бын куы кафыдыстæм, уыцы рæстæг. Æмæ дæ уæдæй фæстæмæ уæлдай фылдæр уарзын. Мæнæн ахæм ныхæстæм хъусгæйæ мæ цæстытæ доны разыл- дысты æмæ Дзегуындæйы дзæбæх дæр ныл уыдтон. Уыцы рæс- тæг мæнæй амондджындæр ничи уыд, æвæццæгæн, арвæй зæххы астæу. Чи зоны, сымахæй исчитæ амонд æндæрхуызон æмбарынц, фæлæ мæнæн иунæг фæлмæн ныхас дæр æгъгъæд у тынг амонд- джын уæвынæн. РÆМОНТЫ АЛЫКСАНДР (1942-2005) & Рæмонты Данелы фырт Алыксандр рай- гуырд 1942 азы Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы Сырх-Дыгуры хъæуы. Астæуккаг скъола каст фæци йæ райгуырæн хъæуы. Ахуыр кодта педагогон училищейы аивадон хайады, уый фæстæ та — Цæгат Ирыстоны паддзахадон институты филологон факульте- ты. Куыста алыхуызон бынæтты, уыимæ — ахуыргæнæгæй æмæ газет «Дигорæ»-йы редакцийы. Алыксандр йе сфæлдыстадон куысты райдайæны йе ’ргом аз- дæхта сывæллæтты литературæмæ. Йе ’мдзæвгæтæ мыхуыры цыдысты журналтæ «Мах дуг», «Ирæф» æмæ «Ногдзау»-ы, га- зеттæ «Рæстдзинад», «Дигорæ» æмæ «Ныхас»-ы. Йæ фыццаг æмдзæвгæтæ мыхуыры фæзындысты 1978 азы. Фæстæдæр бон- рухс федтой йæ чингуытæ: «Æхсæрæцъеу Æхсæрæг», 1980; «Дзæ- къолон», 1987. Алыксандр хорз арæхсти сабиимæ ныхас кæнынмæ, йæ цымы- дисаг миддуне æмæ алыварсы царды фæзындтæ йын райхалынмæ. Йе ’мдзæвгæтæ сывæллæтты аразынц раст фæндагыл, разæнгард сæ кæнынц æвзыгъд, арæхстджын уæвынмæ, хорз адæймæгты фæзмынмæ, æрдзыл аудынмæ, фæллой уарзынмæ. 345
ÆХСÆРÆЦЪЕУ ÆХСÆРÆГ Æхсæрæцъеу Æхсæрæг Нæ тугури Рагцæрæг. Гъар астъонæ — Пакъутæй. Синхонтæ мæ Багъудæй. Æвæццæгæн, Æ гъуддаг Цъеути къуарæн Радзурдта. Мети рагъæй Æ фæдбæл Исарæх æй Сæ пæр-пæр. Нæ сæ хъор даруй Уазал, Арæх игъусуй Сæ зар. Уомæ бæллинæ Рагæй, Ци хуæздæр ес Синхагæй. Æз — уонæн, Етæ — мæнæн, Хæларæй еумæ Цæрæн. Зумæг уа Кенæ сæрдæ — Кæрæдземæн ан Зæрдæ. ЦАЛИНМÆ ÆВЗОНГ ДÆ Цалинмæ æвзонг дæ — Бауарзæ фæллойнæ æд зин. Цалинмæ æвзонг дæ — Киунугæн дæ гæдзæ, дæ зинг. Цалинмæ æвзонг дæ — Царди исæвзарæ нисан. Цалинмæ æвзонг дæ — Дæмæ дæ уоди конд къинсау. Цалинмæ æвзонг дæ — Дæмæ æрдзи ’гъдауæй бауæр. Цалинмæ æвзонг дæ — Рæстæг исафунмæ ’вгъау æй. Цалинмæ æвзонг дæ — Ниввæрæ де сцæттæн бундор. Нæййес, нæ, хуæдзонгæ, Цардæй зунд есæн æнæхъор. КА ХУÆЗДÆР ÆЙ? (Нимæхсæнти гъазгæй) Ратæх-батæх, къамазела, Уаза-хонхи ка батела, Ка рахæсса фæгъзæр дортæ — Сугъзæрийни хъазар мортæ Арви асæ къустели ’дзаг, Ка фæццæуа уæхеридзау Сау гъæдæбæл тар æхсæвæ, Бауолæфæд мед Æхсæуæ, Æхсæуи дон баниуазæд, Æ хæссуйнаг ма ниууадзæд, Уотемæйти сæумæраги Хорискастбæл хебæраги Хуæнхти сосæггаг гъæрæй Ка зæгъа, е хуæздæр æй. 346
МУЛДЗУГ-ГУЛДЗУГ Мулдзуг-гулдзуг, Къæбæлдзуг, Æ хæссуйнаг Нæ гæлдзуй. Кумæ уайуй Уотæ тагъд? Гъæубæстаг æй, Горæтаг? Æ голлаги Ци хæссуй? Кæд — къанфеттæ, Кæд — фæхсун? Кенæ ба кæд Хорискаст — Æртæхæйдзаг Цийнæй баст? Æй косагæ, Æгъдаугин, Æнгаруарзон, Æнбалгин. Мулдзуг-гулдзуг, Къæбæлдзуг, Æ хæссуйнаг Нæ гæлдзуй. ХУÆНХАГ ИГУÆРДÆНИ Æнæбæрцæ деденгутæ Хуæрти хузæн — сæ еугурдæр, Зæнхи фарнæй — Æмидзаг, Сугъдæг уарзтмæ — Æнгъæлдзау. Хори тунтæ — Сугъзæринттæ, Сæ медæгæ — Æндзæринттæ. Мудибиндзæ æртæхуй, Уæргъти хæццæ æздæхуй. Уаргъ — æрситæн, Уаргъ — дæуæн, Мулдзугæн дæр Уагъдæ уæд. ЗУМÆГ Æрцудæй дада - Зумæг; Халас боцъотæ, Тузмæг. Æвзедуй мæнмæ ’Ндиудæй Æ зумæгон Уорс миутæй. Арф — хъæпæнтæ, Арв — ниллæг. Исаразтон Метин лæг. Зæронд тæскъæ — Æ сæрбæл. Бурдæнæй конд — Æ хъæппæл, Мæ цонæгъбæл Фæббадтæй Æвеппайди Хевастæй. «Гъей! Æрлæууæ! Гъей! Барæн! Ма фудуаг кæнæ Барæй! 347
Кæмæ дзорун, Уой зæгъай, Къахсæститæ Ма фæууай!» Е — разæй, Æз — фæстегæй. Кæрз урдуг тæхæн Тегъæй. Ехх, ци хуарз дæ, ци, Зумæг. Хæларзæрдæ, Зув-зуваг!.. ХАДЖЕТЫ ТАЙМУРАЗ (1945-1996) * Хаджеты Гришайы фырт Таймураз рай- гуырд 1 мартьийы 1945 азы Хуссар Ирысто- ны Ногхъæуы. 1964-азы каст фæци Цхинва- лы 3-æм астæуккаг скъола. Службæ кодта Батумы арæнхъахъхъæнæг æфсæддон хайы. 1968 азы Хаджейы-фырт бацыди Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институтмæ. 1973 азæй фæстæмæ кодта сфæлдыстадон куыст. Дзæвгар азты фæкуыста Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы литературон консультантæй. Поэты уацмыстæ мыхуыры цæуын райдыдтой 1968 азæй бы- нæттон æмæ Мæскуыйы рауагъдæдты. Бирæ æмдзæвгæтæ йын хаст æрцыд гуырдзиаг, украинаг æмæ ирон фысджыты æмбырд- гæндтæм: «Зæххы уидæгтæ». — Цхинвал, 1975; «Иу зæххы цот». — Орджоникидзе, 1985; «Крылья нашей весны». — Одесса, 1985. Хаджеты Таймуразы сфæлдыстад XX æнусы 70—90 азты зынгæ фæзынд ирон дзырдаивады. Поэт йæ чингуыты («Фараст барæ- джы», 1973; «Хъысмæт æмæ зарæг», 1977; «Æхсон дуры хъæ- лæс», 1980; «Зæйраскъуыды уынæр», 1983; «Фæндæгты фарн», 1987; «Голос ветра», 1987; «Урс хæхты зарджытæ», 1991; «Фæ- сизæр», 1995) бæрзонд исы адæймаджы ном, царды рæсугъддзи- над, фыссæджы кад. Таймуразы æмдзæвгæтæ цасфæнды куы кæсай, уæддæр сæ адæймаг нæ фæлмæцы, «фурды къæйдуртау дардмæ бæрæг да- рынц». Йе ’взаг æмæ поэтикон дунеуынынад никæй хуызæн сты. Зæрдæйы тынтæй нывæзт сты, поэт сывæллæттæн цы поэти- кон уацмыстæ ныффыста, уыдон дæр. Мидисджын, аив нывтæ, зæлланггæнаг рæнхъытæ сæ уацары бакæнынц æвзонг чиныгкæ- сæджы. 348
МÆЛДЗЫДЖЫ МАСТ Мит бæсты бæрзæндтæй уары, Мæнæ пецы суг æндзары Иу тызмæг мæлдзыг. У йæ чысыл хо æдзæсгом, — Уый нæ ныхсадта йæ цæсгом Райсомраджы, æмæ кæс, Ныр къуыбылæйттæ кæны. Дун-дуне йæ сæрыл систа, Чи ма йæ уромы, чи? Иу хъæлдзæг ысси, ызгъоры, Бырынкъ та фæцæвы хоры, У йæ цард æнцад-æнцой: Сой, сой, сой!.. ХÆХБÆСТЫ АРГЪАУ Æргъуын-биргъуын биргъау. Уæлæ рæгътыл иу рæгъау Рацæуы сычъидзугтæ, Нард ысты, бæгуы... У йæ тынгыл хосгæрдæн, Уыд сæ фысым сойгæрдæг. Хуры тынтæ судзинтау, Дойны сæ кæнынц. Комрæбын æхсæрдзæн дæр Аууоны æрфæлмæнтæ. Сисы къæйбын джигуртæ, Айсысы йæ маст. Кæсаг та цъыллынджытæ Сисы уæд йæ фынчыты, Уымæн доны зилдухы Ницæмæй у тас. Мæргъты зиу: тьылланг-мыллунг, У хæхбæсты фарны дуг, Цæвæджы ныййазæлдмæ Базмæлыди ком. Цъырцъыраг фыдцъылызæй Бавдæлы йæ цъыс-цъысмæ, Бандæвта йæ урс зымæг, Нал калы йæ бон. Хуымтæ — бурбын, зад мæнæу Узы дымгæ, авдæнау; У сæркъул, фырдиссæгтæ, Уайсадæг чындзау. Мыст дзы хъавы давынмæ. У йæ хъуыды: уа мын, нæ? Сисы уый йæ цъистытæ, Хуыккоммæ тындзы. Уырдæм ды куы бахауай, Уæд æрцардтæ аргъауы, Хъул дæм нал и койы дæр, — Ралæг дæ æваст. Мила дын йæ кæрдзынæй Авæрдзæн æвдæрзынмæ, Гино дын йæ къонайы Бакæндзæни уат... БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ Иу изæр æрфынæй хъæу. Тар æрцауындзæг йæ хъуырыл. Бирæгъ урсæфцæг æмгуырæй Хъавгæйæ фæбыры хуырыл... Худæг нæу? — Каркау у мæрдвынæй хъæу. 349
Карз у балбирæгъты дзуг, — Род ныййардта дысон хъуг, Хъуамæ йæ ныргæвдой абон... У æнæцæстуарзон амонд: Кæд сæрæн дæ — у фыдхин, Науæд хъахъхъæн-иу дæхи! Æмæ дын фæхъуызы бирæгъ, Сты йæ балбирæгътæ иу рæгъ... Куыдз — нæ Мила у хъыхъхъаг, Уый та сын фæуыдзæн фаг; Уый та сæ дзырдæй-дзырдмæ Скæндзæни куыдзæй-куыдздæр. Фæлæ бирæгъ цæсты тигъæй Хъахъхъæны: йæ дæндаг — арц, Хæхтыл, дзойтæгæнгæ, мигътæн Ферттивы сæ урсхъуын барц. Худæг нæу? — Каркау у мæрдвынæй хъæу. Куыйтæ ралæбурдтой, ох-хай, — Тасы чи нæ цæуы тохмæ. Дæнг!.. Æхситт!.. Æмæ хъæртæй Суынгæг бирæгъы зæрдæ. Худæг нæу? Бирæгъ дæр тæрсы, уæвгæ!.. Фæлæ бирæгъ царм ныууигъы. Иуцъусдуг хæцы йæхиуыл... Æйтт, мæ рувасы зæрдæ, Ахсæв гъæйтт-мардзæ лæг дæ! — Баххуыс мын кæн æмæ хинæй Сойтæ рауадзон мæхиуыл. Куыдзмæ бабырыди цадæг Æмæ йын кæны æрвадиуæг: — Цæй, мæ куыдзы зæрдæ фест, Æз дæ мыггагæй дæн, ехс Ды æфсæстæй æмæ сонтæй Ма хæсс хионы фæсонтыл! Æз сыдæй мæлын, нæ давын, Уый бæсты мын сгуытæ радав, Сойæ асхъауон мæ дæндаг Æмæ ног кæнон мæ фæндаг. Куыдз ысхъырныдта, фæраст, Фæлæ йæм цы амонд каст?
Бирæгъ иу сæррæттæн кæртмæ Багæпп кодта кауы сæрты, Куыдзæн ацахста йæ дзых, Балбирæгътæ йын йæ пырх Акалдтой. Фæлæ дын лæг Райдыдта гæрах... Дæнг... Дæнг... Лæджы бирæгъдзарм фæцис, Куыдзæй нал аззадис хъис. Род та хъуджы фæдæг дадта, Фырцинæй æнцой нæ ардта. Худæг нæу? Тых тыхы кæны нæмгæ, Сабыр та кæны дæйгæ!.. РУВАС, УАСÆГ ÆМÆ ЛÆГ Рувас рагæй дæр фыдхин у Æмæ фервæссыд йæхиуыл. Дысон та æрцыди тары Кæркдонмæ æмæ ныззарыд. Уасæг не ’ууæнды, фæтарст, Хуынкъæй хъоппæг цæстæй каст. — Бон у, ма тæрс, — рувас дзуры, — Арвæй раскъæфтон æз хуры. Ис мæ дæларм, мæнæ ам, Дары мын мæ фæрстæ хъарм! — Куыд, куыд, куыд? — ыскарк и уасæг. — Чи баууæндыд хурмæ давæг?! — Æмæ не ’дылы сæлхæр Хуынкъæй радардта йæ сæр. Рувас æм фæцарæхст — хæпп! Къулрæбын фæцыд йæ тъæпп. Рувас уасæгыл тых у Æмæ йын кæны хуху... Уалынмæ дын райхъал фысым, Рувасы цъæм-цъæм æм хъуысы. Иу цæвæнгарз йемæ райста, Кардау æй бæрзонд фæхаста: 351
— Багъæц, хинæйдзаг, тæппуд! — Рувасы сæрæн дзы — тъупп! Лæг та рувасыл тых у Æмæ йын кæны хуху! Ацу, гъеныр сыл фæхуд Æмæ дын хæлынæй худ! РУВАСЫ МИДБЫЛХУДТ (Аргъау) Уыд фыдзымæг. Дымгæ къуыс-къуыс кодта рудзынджы зыхъ- хъырты. Йæхи-иу ныццавта хохаг лæджы скъæтыл. Скъæты уыдис хъуццытæ, галтæ, фыстæ æмæ иу бæх. Дымгæ ниудта. Лæбурдта скъæтмæ. Хъуццытæ-иу бауасыдысты, бæх-иу ныммыр-мыр кодта. Уазал, æппæтæн дæр уыдис уазал. Скъæты раз дымгæмæ йæ тæрттæ ныддардта æнусон тулдз бæлас. Йе ставд уидаджы рæ- бын æхсæвиуат кодта бурæфцæг куыдз Гæбуци. Уый уыди хъæхъ- хъаг, цыргъдæндаг, хъæбатыр куыдз. Гæбуци уазал никæдма бан- къардта, фæлæ ацы æхсæв... Уый дæр уазал дымгæйы цъыччы- тæй йæ мидбынат рафт-бафт кодта, хъырныдта тулдз бæласы аууоныл. Уазал. Æппæтæн дæр уыдис уазал. Ахæм æхсæвæй нæ фæ- тарст æрмæст хинæйдзаг рувас. Уый дæр цъыллинджытæ кодта йæ даргъ сау-сауид къæдзил: куы-иу æй йæ сагæхты фæтъыста, куы та-иу æм дæндагæй фæлæбурдта. Фæлæ уæддæр йæ хъуы- дытæ уыдысты, Гæбуцийы раз цы дзидзайы хай уыди, уыимæ. Рувас кæрты дуары зыхъхъырæй багудзи кодта, бамбæрста, фысым фынæй кæй кæны, куыдз та фыруазалæй йæ дæндæгтæ кæрæдзиуыл кæй хойы, уый. Йæ цæст æрхæцыди холыйыл. — Ехх! — загъта рувас, — ныр уыцы дзидзайæ ма скомдзæгтæ кæн... Офф! Офф! Куыд æввахс æмæ куыд дард у! Иу тæррæст æмæ... Фæлæ... Куыдз, куыдз... Гæбуци... Нæ!.. Æз рувас ма фæуон, рувасы ми йын куы нæ бакæнон! — Æмæ кæрты дуары сæрты багæпп кодта, куыдзау йæ хъыс-хъыс ссыди æмæ Гæбу- цийы бын абырыди. — Аргæвд мæ, амар мæ, фæлæ мæ уазалæй мæлын ма бауадз, — зæгъы рувас. — Мæ къæдзил даргъ цы у, уый йеддæмæ æз дæр куыдз дæн. — Хыр-ры... Ды рувас дæ, куыйты мыггагмæ мисхал дæр ницы бар дарыс! — ныннæрыди Гæбуцийы хъæлæс. — Æфсæст дæн, фæлг^ дæ уæддæр хъуамæ акъæмс кæнон. — Нæ, нæ, дæ хорзæхæй, æххæст мæ бауадз æмæ ныммæлон дæ цуры. — Ох-х! — ныхъхъуыды кодта куыдз, ныхъхъырныдта, рувас 352
фæдфæливæн митæ кæны, уый бамбæрста æмæ сырдæн йæ цыргъ дæндæгтæй æрыстыгъта йæ бæрзæй. — Нæ, дæ хорзæхæй, — зæгъы рувас, — æрмæст мæ мæлын бауадз, науæд дæ хицау куы райхъал уа, ме скъуыдтæ царм куы фена, уæд дæ фæтæрдзæн йæ хæдзарæй. Мæ царм зынаргъ у, тынг зынаргъ. Æрмæджы æхца! Куыдз сагъæсы бацыд: «Хр-рр... Æхца?.. Ацы рувасы цармы тыххæй мæ хицауæй уæлдай дзидза рантысдзæн?» Æмæ йæ цæстытæ ферттывтой, фæтæррæст ласта æмæ уаты бамидæг. Лæг фæгæпп кодта, йæ сау хъама фæцъортт ласта æмæ нæхи раппæрста кæртмæ. О, фæлæ тулдз бæласы бын нал рувас уыд, нал дзидза, æрмæст дзы тызмæг къуыззитт кодта дымгæ, адæймаджы иннæрдæм хызти. Лæг смæсты. Куыдзы дурадзагъ- дæй йæ хæдзарæй ратардта. Къардиуы сæр та рувас æфсæстæй йæ мидбылты худт. ÆХСÆРÆГ, ХИУА ÆМÆ УЫРЫЙЫ АРГЪАУ Тар хъæды уыди бирæ бæлæстæ: тулдз — тархъæды хицау, тæрс — сырдты къæбиц æмæ бæрз — урсдæллагхъуыр. Гъе, ахæм тар хъæды æрцардысты хиуарзон рæсугъд хиуа, æхсæруарз æхсæрæг æмæ хъулон уыры. Сæ цард цыди æхцон, æнæмæтæй: хиуа-иу æхсæвыцъæхæй бæстæ йæ сæрыл систа: «Рай- хъал ут! Мæнæ дунейы диссæгтæ: арвыл атылди хур, уæртæ бæрзы рæсугъд цонгыл ауыгъд цæппузыртæй æртæх лæууы». — Уый та куыд у? — фесхъиудта тулдзы мæрайы æхсæрæг. Йæ цæстытæ дауы йæ фæлмæн æнгуылдзæй, фæлæ сæ нæма уыны ницы. Уæд рахъуызыд цадæг йæ хуыггомæй уыры. — Цы кодтат, цæуыл у уæ фæдис? — Фæкæс-ма, — зæгъы йын æхсæрæг, — нæ кæмттыл фæлæ- гæрды хур, тæхдзысты нæм мæргътæ, нæ ком та нæ уыдзæн æдзæрæг. — Гæдытæ зæгъыс, — фæцагайдта уыры. — Рæхджы та схъыз- дзæни зымæг, дæ ахстонмæ кæс, — нæ хиуа бæрзæндты тæхы!.. Æмæ уæд ныууарыд æцæгæйдæр иуафон мит. Цæст нал уыны ницы. Фыдтымыгъ ныййазæлд кæмтты. — Цы кæнæм, куыд кæнæм? — ныргъæфсти бæрзы цонгыл хиуа. Йæ хуыггомæй ракасти уыры: — Цы уыдзæнис, алæ-ма? Уыны сæ: æрхаудтой йæ базыртæ хиуайæн, нæ хъуысы йæ зард, æхсæрæджы ахстон фæхаста нæ тулдзæй фыдтымыгъ, æмæ та уæд уыры зæгъы: — Æрцæут мæ къæсмæ, абон у Ногбон — æхсæрæй, мæнæуæй у йемыдзаг æйттæй мæ къæбиц. 23 Ирон Л1ггер.тгурæ сывæллæтгæн 353
Цы нæ уыдис фынгыл, Гъеуыцы фæрныг куывды, оххай, Фæлæ дзы, мæ зынгыл, Нæй иу дзырд æмуд царды охыл! Ныллæуыди уалдзæг, ныффæйлыдта урс дæтты зарæг. Фæлыгъдысты гъеуæд: æхсæрæг — æхсæрмæ, нæ хиуа — цъæх арвмæ, нæ уыры та баззад уырыйæ, — йæ фæндаг — дæлдзæхмæ! ГУЫЦМÆЗТЫАЛЕШ (1951-1992) * Гуыцмæзты Алексийы фырт Алеш рай- гуырд 1951 азы сентябры мæйы Хуссар Иры- стоны Цхинвалы районы Ортъеуы хъæуы. 1968 азы каст фæци Уанаты астæуккаг скъо- ла. Фæстæдæр ахуыр кодта Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институты, фæлæ йæ кæронмæ каст нæ фæци. Суанг къаннæг сабийæ фæстæмæ Алешы зæрдæйы, йæ туджы ахъардта ирон дзырды уаз тых æмæ дзы ивылд донау абухгæйæ фашлыдта кæддæриддæр. Астæуккаг скъо- лайы ма куы ахуыр кодта, уæд райдыдта фыссын æмдзæвгæтæ. Мыхуыр сæ кодта газет «Советон Ирыстон» æмæ журналтæ «Мах дуг» æмæ «Фидиуæджы» фæрстыл. Гуыцмæзты Алешæн йе сфæлдыстадон хъару прозæйы ’рдæм тынгдæр тасыд æмæ йæ курдиаты тых уыцырдæм сарæзта. 1971 азы йæ таурæгъ «Уæлзæххон саудзыдзыда» мыхуыры куы фæ- зынд, уæд уымæй фæбæрæг, нæ литературæмæ кæй æрбацыд курдиатджын фыссæг. Уæдæй фæстæмæ иузæрдионæй кодта ли- тературон куыст. Йæ агайгæ, сыгъдæгзæрдæ ныхас фæндаг ард- та чиныгкæсæджы зæрдæмæ. Йæ уацмысты æмбырдгæндтæ («Урс фынтæ», «Царды зыд», «Æхсæвидар», «Дæ уды фарн», «Азарут иронау, лæцпутæ») бацахстой аккаг бынат ирон литературæйы хуыздæр уацмысты ’хсæн. Алеш уыд диссаджы уды хицау, хæдæфсарм æмæ фæлмæн- зæрдæ. Йæ цард иууылдæр снывонд кодта йæ адæмæн. Йæ рай- гуырæн Хуссар Ирыстоныл уынгæджы бон куы скодта, уæд йæ фыссæн сис баивта хæцæнгарзæй... Дыууиссæдзаздзыдæй йын мæлæтхæссæг нæмыг аскъуыдта йæ цард. Цыбыр уыд йæ цардвæндаг Алешæн. Фæлæ фыссæджы цард азтæй нæ, фæлæ цы ныффыста, уымæй фæбарынц. Гуыцмæзты Алешы стыр курдиатæн æвдисæн сты сабийы арф 354
æмæ æмбæхст хъуыдытæ уырнинагæй æмæ къæрцъхъусæй цы уацмысты равдыста, уыдон дæр: «Бæхы уаргь æмæ чысыл лæп- пу», «Кæстæр лæппуйы аргъау», «Хо æмæ æфсымæры аргъау» æмæ æнд. ГÆДЫЙЫАРГЪАУ Гæды миау-миау цæмæн кæны, сывæллæттæ? Нæ йæ зонут? Уæдæ уын æз йæ хабар радзурон. Цардис æмæ уыдис æмдзæринтæ. Сæ иу хуынди Гæды. Гæцы уыди тыхджын æмæ рихиджын. Уый дардта хъуынджын кæрц. Йæ къæдзил дæр уыди хъуынджын. Фæлæ гыццылты бирæ уарзта. Семæ ма цардис ноджы иу рихиджын. Уый ном та хуынд Мыст. Фæлæ уый гыццыл уыди. Æнæбон. Æнæхъуын. Тæрсаг. Гæды æмæ Мыст хæлæрттæ уыдысты. Гæды аргъæуттæ бирæ зыдта. Арты фарсмæ-иу æрхуыссыд æмæ, йæ дзæмбыйæ йæ дынджыр рихитæ даугæ, Мыстæн аргъæут- тæ кодта. Мыст та тынг фыдуаг уыд. Гæдыйы аргъæуттæм иу- цъус байхъуыстаид, стæй-иу къуыриццытæ райдыдта, худт-иу йæ лыстæг хъæлæсæй: — Хы-хы-хы... Гæды йæм мæсты кодта, фæлæ Мыст гыццыл уыди, æмæ йæ фæнæмын йæ цæст нæ уарзта. Мыст та фыдуагæй-фыдуагдæр кодта. Нанайы æвæрæнтæй куы æнгузтæ давта, куы та æндæр хæринæгтæ. Иухатт Нана хæбизджынтæ скодта, фынгыл сæ æрæвæрдта æмæ æддæмæ рауад. Мыст уый куы федта, уæд фынгмæ сгæпп кодта, йæхи хæбизджыныл андæгъта, æмæ йæ цъæм-цъæм ссыд. Гæды дæр фынгмæ сгæпп кодта, Мысты хъус сивæзта æмæ йын афтæ: — Ма кæн, Мыст, афтæ ничи кæны. Нана дæ фæнæмдзæн. Мыст йæ гыццыл рихитæ адаудта æмæ афтæ: — Æмæ Нанайы та чи фæрсы. Хæбизджыны йæ’сæр фæцавта æмæ йæ сфæйлыдта. Ноджы йын йæ дзаджджыны йæ къæдзил сæвдылдта æмæ дзы Гæдыйы былтæ ныкъкъæрцц кодта. Уæд Гæды дæр смæсты æмæ Мысты йæ дынджыр дзæмбыйæ чысыл ракъæрцц кодта. Мыст фынгæй рахауд æмæ зæххыл йе ’рдиаг ссыд. Сæ хъæлæбамæ Нана æрбауад. Хæбизджын къахырæй куы федта, уæд смæсты æмæ сæ бафарста: — Чи ахордта хæбизджынæй? Гæды фынгæй нæ рагæпп кодта. Алидзын йæ сæрмæ нæ ба- хаста. Нана Гæдымæ бакаст. Гæдыйæн йæ былтæ хæбизджынæй ахуырст уыдысты. Мыст ын йæ былтæ куы ныкъкъæрцц кодта, уæд ыл йæ фæдтæ баззадысты. 355
— Æ, къуымхор, — смæсты Нана. — Уæдæ сусæгæй ды хæрыс! Уисой райста æмæ дзы Гæдыйы нæмы. Ныр Гæды Мыстмæ кæсы æмæ йын фæтæригъæд кодта — гыццыл у, æмæ йæ Нанайыл куы сардауа, уæд æй фæнæмдзæн. Нана та уисойæ нæмы æмæ нæмы Гæдыйы. — Къуымхор цыдæр! — хыл кæны Гæдымæ. — Сусæгæй хæ- рын сахуыр дæ! Гæдыйæн Нанайы цæфтæ риссынц, фæлæ сæ уромы. Æрмæст, аххосджын кæй нæу, афтæмæй йæ кæй нæмы Нана, уый йæм тынг зын фæкаст. Æмæ дын ноджы диссаг куы ауынид: Мыст арынджы сæрмæ сбырыд, йæ хъустæ æмæ йæ къæдзил ныхъхъил кодта, йæ ри- хитæ здухы æмæ Гæдыйыл худæгæй мæлы. — Хы-хы-хы! Афтæ дын хъæуы, Гæды! Хы-хы-хы!.. Æмæ дын уæд Гæды куы смæсты уаид. Уыцы сæррæтт акодта Мыстмæ. Мыст фыртæссæй къулы хуынчъы смидæг. Нана та афтæ фенхъæлдта, Гæды лидзынмæ хъавыд, æмæ йæ нæмы æмæ нæмы. — Ноджы ма лидзынмæ хъавыс, къуымхор! Ноджы ма хатыр нæ курыс! — Мыййаг... — загъта Гæды, æмæ йæ кæуындзæг йæ хъуыры фæбадт. Афтæ зæгъын æй фæндыд: «Мыййаг, ахæм æдзæсгом митæ æз кæнын? Уый уæртæ Мыст уыди». Фæлæ дзурын йæ бон нал уыди фырмæстæй æмæ ма дзырдта: — Мыййаг... мыййаг... мыййаг... — Цы миау-миау кæныс, цы! — смæсты ноджы Нана. Гæдыйы фæндыд йæхи сраст кæнын, фæлæ йе ’взаг аны- хъуырдта æмæ дзурын йæ бон нал сси. Мыст ыл къулы хуынкъæй худæгæй мард: — Хы-хы-хы. Афтæ дын хъæуы, Гæды! Хы-хы-хы... Гæды та фырмæстæй æрдиаг кодта: — Миау, миау, миау... Уæдæй фæстæмæ Гæды æмæ Мыст фезнæгтæ сты. Ныр дæр ма Гæдыйы æнаххосæй исчи куы фæнæмы кæнæ хæринæгтæ куы фены, уæд Мысты æдзæсгом ми йæ зæрдыл æрлæууы æмæ йæ бафæнды Нанайы раз йæхи сраст кæнын. Фæлæ уæдæй фæстæмæ дзурын нал зоны. Кæуынхъæлæсæй ма дзы схауы: — Миау, миау, миау... БÆХЫ УАРГЪ ÆМÆ ЧЫСЫЛ ЛÆППУ Мит, мит, урс-урсид мит, афтæ æрттивы, цыма дзы фараст сæрдыгон хуры рухс æнхъæвзæнтæ кæны. Фараст сæрдыгон хуры та цы сты! Цыма миты æртхутджытæй алкæй мидæг дæр чысыл хур сзынг, ахæм тæмæн калынц. Хур, æцæг хур дæр кæсы арвы сыгъдæгæй, фæлæ дзы нырма цæй хур ис, йæхæдæг дæр, æвæц- 356
цæгæн, миты рухсæй барухсдзыд, æндæра афтæ уазал чи у, уымæй цæй рухс хъуамæ ракæла? Æртындæсаздзыд Мурæт йæ хъуынджын худ арф æрсагъта, йæ бæмбæджджын къандзолы цæппæртæ æфтауы, йæ мад æмæ йæ фыд уæргътæ куыд бæттынц, уымæ кæсы æмæ цин кæны, хорз бон кæй скодта, ууыл. «Хъуынтъыз бон куы скодтаид, уæддæр цы! — хъуыдытæ кæны йæхинымæр, — тымыгъ дæр скæнæд! Цæмæй дзы тæрсын? Ды мын бæх зæгъ, бæх, æндæра тымыгъ та лæгæн цы хъом у?» Хъуыды кæны Мурæт, фæлæ йæм йæ хъуыдытæ фаг ныфсджын нæ фæкастысты æмæ йæ фæнды исты æхсарджын ныхас зæгъын. «Æз мæхæдæг арты хуылфæй куы рацыдтæн», — зæгъы йæ- хинымæр сæрыстырæй æмæ йæхицæй баныфсджын. Афтæ йæ хистæр æфсымæр фæдзуры. Фæлæ йе ’фсымæр ныр далæ йæхицæн хъармы бады, уый та фæндаджы къахыл лæуд у æмæ уыцы ныхæстæ зæгъын дæр уымæн æмбæлы. Ныртæккæ йе ’фсымæрæй æхсарджындæр у, уæдæ цы?! — хуын ын хæссы: ахсæв Ногбон æхсæв у æмæ сын истытæ хъуамæ ныддава. Знон сæ комахсæйнаг аргæвстой, йæ растæмбис ын голджыты уæнггай ныккалдтой, нывæрдтой дзы ноджыдæр цыхтытæ, арахъ æмæ æндæр цыдæртæ дæр. Ныр голджытæ æддæмæ рахастой æмæ сæ йæ мад æмæ йæ фыд уаргъбаст кæнынц. — Гъе, лæппыз, цы дæ фындз æруагътай? — дзуры йæм йæ фыд. — Æви ардыгæй Дзаумæ ныууайынмæ дæ ныфс нæ хæс- сыс? Дæ цахъхъæнæй-иу Чеселты лæппутæ хъомрæгъæуттæ фæ- фос кодтой. Мурæт йе уæнгты æнкъары хъару, лæгдзинады хъару, æмæ йæ нæ фæнды, йæ фыдæлтæй йæхи дæлдæр авæра. — Лæгдзинад-иу равдыстой, — дзуры æнæрвæссон хъæлæсы уагæй йæ фыдмæ, — кæд-иу быдираг дæлæмæдзыдтыл фæтых сты, уæд. Махау Америкæимæ куы нæ æвзæрстат уæ тых! Фыд худы йæ рихийы бын. Райгонд у йæ кæстæр хъæбулæй. — У, бынмиз, — æфсоны хыл æм кæны, — уыцы Америкæ кæй хоныс, уыдонæй иу лæджы искуы уынгæ фæкодтай, уынгæ! Цæ- стæй кæй нæ уыныс, ахæм адæмимæ хæцын, кæй зæгъын æй хъæуы, æнцон у. Дзыхæй. Чеселтæ та-иу се знæгтимæ се знæгты зæххыл хъама æмæ дамбацайæ ныхас кодтой. Рауай, фæкæс нæм æмæ уæргътæ бæхы рагъмæ баппарæм. Дыууæ голладжы уаргъбастæй лæууыдысты митыл. Дыууæ голладжы дæр се ’мбистæй ноджы дзагдæртæ. Бæх дæр ифтыгъдæй лæууыд скъæты раз. Йæ фыд æй æрба- ласта уæргъты цурмæ. — Афтæ лæуу, Зыгьар, — загъта йын, цыма йæ кæстæрмæ дзуры. Тыррыкзæрдæ Мурæт йæ къабæзты хаты æгæрон хъару, фæн- ды йæ уыцы хъару истæуыл авзарын æмæ уæргътæм февнæлдта, схæцыд сыл, фæлæ сæ змæлын дæр нæ фæкодта. — Схæц, — йæ рихиты бын æм худы йæ фыд, — цæмæй уыдон 357
бæхы рагъмæ сæппарай, уый тыххæй дæ нырма бирæ сылы цы- мын бахъæудзæни. Ныр æртæйæ схæцыдысты уæргътыл: фыд — иу голлагыл, мад æмæ фырт — иннæуыл. Уæргътæ уæззау уыдысты, æмæ фыд йæхион саргъмæ куы сæппæрста, уæд бæхы иннæ фарсмæ ахызт, ныххæцыд голлагыл æмæ сæм рахъæр кодта: — Сæнцайут, сæнцайут! Мад æмæ фырт сæ тых-сæ бонæй схæцыдысты голлагыл — уæргътæ сæ бынаты абадтысты. Фыд сæ барæстытæ кодта, ды- зæрдыггæнгæ йæ усмæ бакаст: — Æнхъæлдæн, æмæ та дзы иу цæст уæззаудæр у? Ус басомытæ кодта: — Мæ мæрдтыстæн, æмхуызон сæ ныччыссæтæ кодтон. Фыд сæм уæддæр дызæрдыггæнгæ кæсы. — Цæй, хорз, — йæ къух ауыгъта, — æгæр уæззау фесты, фæлæ Зыгъарæн ахæмтæ — арсы хъуыны мæлдзыг. Лæппу, сбад æмæ æйтт кæн. Мурæты фæнды саргъмæ цъиуау стæхын, фыццаг хатт куы нæ сæхста йæхи саргъмæ, мыййаг, фæлæ йæ уæргътæ хъыгда- рынц æмæ мæсты кæны. — Гъе, кæд дæуæй бæлццон лæг нæма ис, — худы йыл йæ фыд, — ахсæв уым лæууынвæнд ма скæн, зæрдæхсайынтыл нæ ма фæкæн. Фырт сæм уæлбæхæй бынмæ кæсы æмæ дис кæны: ныртæккæ йæ фыдæй уæлдæр кæй у, уый фыд цæуыннæ хаты? — Мурæт, дæ нывонд фæуон, — дзуры йæм уæлæмæ йæ мад æмæ Мурæтмæ афтæ кæсы, цыма бæрзондыл бадæг Хуыцау у, æмæ йæм бынæй уæлæмæ адæм кувгæ кæнынц, — Мурæт, дæ нывонд фæуон, — хъуысынц æм йæ мады ныхæстæ, — чындзæн- иу зæгъ, уым хицæнæй иу цыхт æмæ арахъы дурын атыхтон, æмæ-иу сæ Бежантæм бадæттæд, худинаг сæ у, сæ ном сын ницæ- мæй ссарæм. — Уырдыджы-иу бæх сындæггай ауадз, миты дын мæ фæкæ- лæд, — ныр та йæ фыды ныхæстæ хъусы, — машинæвæндагмæ куы бахизай, уæд-иу иувæрсты цу, машинæ дæ ма ныццæвæд. — Мурæт, дæ нывонд фæуон, уым сывæллæттæн цъындатæ атыхтон, æмæ-иу дзы алкæмæн йæхиуæттæ ратт, ма та сыл фæ- хыл уæнт. Бæрзондылбадæг йæхицæн аргъ кæнын хъуамæ зона, æмæ Му- рæт дæр алы ныхасæн дзуапп дæттын йæ сæрмæ нал хæссы — сæры гæзæмæ батылдæй сын сразы сæ ныхæстыл, бæхы басхуыста. Бæх зивæггæнгæ исы йæ къæхтæ. Йæ сæр бынмæ æруагъта, цыма фæндагыл исты агуры. Уыдæттæ та Мурæты зæрдæмæ нæ цæуынр. Уыдон æм æхсарджын лæджы митæ нæ кæсынц æмæ бæхы рохтæ æрбалвæста. Бæх йæ сæр бæрзонд систа. йæ къа- хайст дæр фæцырддæр. Мурæт йе уæнгтыл схæцыд. Йæ зæрдæ бахъæлдзæг 358
«Барæг хъуамæ Уастырджийы хуызæн фидауа бæхыл, — хъуы- ды кæны æмæ райы йæхинымæр, — саргъыл чи ныззылынтæ вæййы, ахæм лæгтæ фæндагыл цæугæ дæр хъуамæ ма кæниккой. Саргъыл куыд фидауыс, ууыл адæм сæ цæст куы нæ æрæвæрой, уæд кæдæм хауыс бæхы рагьмæ?!» Афтæтæ хъуыды кæны Мурæт. Йе уæнгтыл фæйнæрдæм ахæ- стытæ кæны, сæрбæрзондæй йæ цæст хæссы йæ алыварс: хъæу- бæстæ йыл сæ цæст нæма æрæвæрдтой? Зымæгон райсом у, тæккæ фосмæ зилын афон æмæ хъæу- уынгты змæлæг нæй. Нæдæр адæм, нæдæр хъомтæ, нæдæр фос. Æрмæст хуытæ зилæнтæ кæнынц фаджысы цурты. Хуы та хуы у æмæ йæ кæд дæ къахæй смыхъ кæнай, æндæр дæ фиппайгæ дæр нæ бакæндзæн. Мурæт мæсты кæны. Фæнды йæ хуытæй искæй ехсæй æрдауын, фæлæ йæ йæ сæрмæ нæ хæссы — Уастырджийы хуызæн барæг хуыты ехсæй куыд хъуамæ нæма? Уымæй дæр — фаджысы рагъыл. Куыйтæ та, куыйтæ? Æнæуи хъæумæ маргъ куы æрбатæхы, уæддæр бæстæ сæ сæрыл сисынц, фæлæ ныр, марадз-зæгъ, цыма хъæууынгты бæхджын лæг нæ, фæлæ мæл- дзыг дæр нæ фæбыры, афтæ сæхи ныхъхъус кодтой æмæ бæхы къæхты хъæрмæ читт дæр нæ кæнынц. Æвæццæгæн, къахы уынæ- рæй дæр зонынц хион æмæ æддагон. Ацы тæккæ Мурæтæн æппындæр æхсызгон нæ, фæлæ хъыг у, йæ бæхы къæхты хъæр дæр ын кæй зонынц сæ хъæуы куыйтæ. Фæлтау ын йæхи дæр куы нæ зониккой. Бæстæ сæ сæрыл куы сисиккой, бирæгътау æм куы лæбуриккой. Уый сæ уæлбæхмæ хъуыды дæр нæ кæнид, сæрбæрзондæй цæуид се ’хсæнты. Æгæ- рæстæмæй сæм ехсæй дæр нæ февзидид. Лæгау лæг та куыдзмæ февзидын йæ сæрмæ куыд хъуамæ бахæсса, уымæй дæр — уæл- бæхæй! Хъæубæстæ куыйты рæйынмæ тыргътæм ракæликкой, базониккой йæ æмæ хистæртæ сæ фырттæн зæгъиккой: — Лукъафындзтæ! Акæсут-ма дæлæ Мурæтмæ — райсом ра- джы та бæлцы фæцæуы! Фæлæ хъæууынгты змæлæг нæй. «Уый дын хъæу! — мæсты кæны Мурæт. Уæдмæ хъæуæй дæр ахызти. — Уый дын хъæу. Æнæхъæн хъæубæстæй дæ иу уынæг ма фæуæд! Уæд та сын сæ хуыздæры рамырхтон». Бустæ кæны лæппу æмæ йæ бафæндыд, чингуыты цы хабæрттæ бакæсы, ахæм исты саразын: сæ хъæу æцæгæлон бæстæ куы фе- стид, сæ чызджыты хуыздæры сын куы раскъæфид, фæдисон- тæм æмбисвæндагыл фæстæмæ куы фездæхид æмæ сæ уæнгсæс- тытæ куы фæкæнид. Дард фæндагыл бæхджын фæндаггон кæй у, уымæй бахъæба- тырхуыз Мурæт, йæ риуы æхсарджын хъуыдытæ гуыры, æхсар- джын лæг та хъуамæ истæмæйты æхсарджын уа æмæ йæ æцæ- гæйдæр æрфæндыд йæхицæн искуыцæй иу дзæбæх чызг куы ас- къæфид: æмбаргæ чызг, дзæбæх хæдзарвæндаджы чызг, йæ цард ын чи нæ сæнад кæна, ахæм фæлмæнтæ чызг. 359
«Уæд ма уымæй хуыздæр цы уаид, — йæ туг цырын кæны лæппуйæн æмæ уыцы туг хъарм лæсæнæй лæдæрсы йæ удмæ, — ’ фæлæ цæргæ та кæм кæниккам?» Ныры рæсугъд, фæлмæн æмæ уæздан чызджытæй бирæтæ хъæутæм чындзы цæуын сæ сæрмæ кæй нæуал хæссынц, уый зоны Мурæт æмæ кæй æркæна, уыимæ кæм цæрдзысты, ууыл сагъæс кæны. Йæ сæры гуырынц царды фæндтæ æмæ царды цæлх- дуртæ, хæрз æнцонæй сæ иуварс кæны йæ развæндагæй. «Куыд кæм цæрдзыстæм? — хъуыдытæ кæны йæхицæн, — ме ’фсымæр дæр æрхаста ус, æмæ йын дæлæ районы хæдзар рад- той. Махæн дæр ратдзысты æмæ нæхицæн царды дзæбæхæй цæр- дзыстæм». Лæппу фæхъуыды кодта, йе ’фсымæрæн ус кæй ис, æд би- нонтæ хицæнæй кæй цæры, уый тыххæй кæй рарасти ныртæккæ балцы, æд уæргътæ. «Сывæллæттæ нын уаид, — æхцон хъуыдытæ нывæнды йæхи- цæн Мурæт. — Æмæ-иу нын Стырбонты рæстæджы баба æмæ гыцци хуынтæ хæссиккой». Уыцы хъуыдытæй йæ зæрдæ бахъæлдзæг. Йæхинымæр æрбæ- стон кодта, йæ усимæ кæм цæрдзысты, уый. Уыцы фарст ын лыггонд у. Ныр та кæй æрхæсса, ууыл хъуыды кæны: чи у уыцы дзæбæх уæздантæ фæлмæн чызг, йæ цард ын чи нæ сæнад кæна? Æвзары Мурæт чызджыты дзæбæхтæй йæхицæн усаг, æвза- ры дунейы чызджытæй йæхицæн усаг, фæлæ йæхи цахъхъæнтæй иу дæр нæ цæуы йæ зæрдæмæ, нырма æгæр гыццылтæ сты, цæмæ сæм батæхуды кæндзынæ, къæцæлæй арæзт чындзыты хуызæттæ. Уый та хъæуы фæлмæнтæ арæзт усаг, уæздан, бæркадджын. «Цæй усæгтæ ис уыдонæй? — йæхинымæр бустæ кæны йе ’мцахъхъæнтыл.— Лæппутимæ хъæбысæй фæхæцынц. Стæй ху- дын дæр нæ зонынц. Лæппутау фæхудынц, цыма лæппутæ сты. Сылгоймаг та хъуамæ худын зона. Йæ мидбылты рæсугъд баху- дын цы чызг нæ зоны, уымæй цæй усаг ис?» Бустæ кæны Мурæт йæхинымæр йе ’мцахъхъæнтыл, æмæ йæ зæрдыл æрлæууыд, афæззæджы, дзуарыбонты рæстæджы Сыгъд- ты цы уазæг федта, уый. Куыд рæсугъд худти йæ мидбылты! Тынг рæсугъд худти. Афтæ рæсугъд худти, æмæ-иу йæ худынмæ Мурæт сæрæй къæхты бынмæ хиды цад фестад: уый тыххæй-иу не схид æмæ йын æнтæф уыд, мыййаг. Нæ! Фырмæстæй, фыра- дæргæй: иннæ лæппутæ дæр сæ дзыхтæ ныкъкъæпп кодтой, аф- тæмæй йæм кастысты, цыма уыдон тыххæй худти афтæ рæсугъд йæ мидбылты. Уыдæттæ сын Мурæт нæ барста æмæ-иу фырмæс- тæй йæ хид акалд. Уыцы чызгыл хъуыдытæ кæны æмæ йæ зæрдæ æрфæлмæнтæ. Райгонд у йæхицæй дæр. Утæппæт чызджытæй йæхицæн усаг равзæрста. Кæм цæрдзысты, уый дæр æрбæстон кодта. Æндæр ма цы вæййы?! Хæйрæг куы нæ фестдзæн æмæ алцы æвиппайды куы нæ ацараздзæн. Уæдæ чызджы ном дæр тынг хорз зоны... 360
«Тинæ», — йæ уды хъарм хъуыдытæ дзы схаудтой æргом ны- хасæй, хъæрæй. Æмæ райгæ зæрдæимæ æрбалвасы бæхы рохтæ. Бæх йæ сæр бæрзонд сисы, йæ къахайст фæрогдæр Кæны, æмæ та лæппу дæр саргъæй йæхи уæлæмæ сивазы. Бæргæ, йæ фыды нымæт дæр ма куы рахастаид. Æцæг Уастырджийы хуызæн фидауид. «Уæд та мыл Тинæ куы амбæлид, — дарддæр хъуыдытæ кæны нæхицæн, — чи зоны та уазæгуаты æрбацыд Сыгъдтæм». Сыгъдты онг нырма бауайын хъæуы, æмæ лæппу йæхи рæв- дауы, Тинæимæ кæй фембæлдзæн, уыцы хъуыдыйæ. Хъæумæ æввахс йæ бæхы бацырын кæндзæни, бæх æхст фатау тæхдзæнн хъæууынгты, Тинæ йæм тыргъæй кæсдзæн, æмæ йæхи цæстæй фендзæн: Мурæт бæхыл Уастырджийы хуызæн фидауы. Фен- дзæн æй æмæ худдзæни уыцы диссаджы мидбылхудтæй. Ам лæппуйы амондджын хъуыдытæ чысыл фæсыкк сты. «Æмæ ма мæ базондзæни? — сагъæс кæны йæхинымæр. — Стæй мæ, чи зоны, зонгæ дæр нæ кæны. Уыцы бон æм нæ лæппутæ, мæ цахъхъæнтæ дæр æмæ мæнæй хистæртæ дæр, сæ цæстытæ дзагъы- рæй дардтой æмæ не ’ппæты кæм бахъуыды кодтаид? Уæлдай- дæр — мæн. Æз æм дзургæ дæр куы ницы скодтон. Чи зоны, дзæгъ- æлы ныхас кæй нæ кодтон, уый тыххæй мæ бахъуыды кодтаид, — ныфсытæ æвæры йæхицæн, фæлæ йæ зæрдæйы уаг уæддæр фев- зæрдæр. — Хорз чызг дзæгъæлы ныхæстæ нæ фæуарзы». Йæ ныфсæвæрдтæ йæхи зæрдæмæ дæр нæ фæцыдысты. «Фæлæ, чи зоны, афтæ дæр æнхъæлдта, ома гыццыл лæппу у æмæ мæм нæ уæнды дзурын? — бакатай та кодта йæхинымæр. — Гыццыл лæппу куыд дæн — цас хистæр мæ хъуамæ уа? Бирæ- бирæ — дæс азы. Баба та гыццийæ фынддæс азы хистæр у æмæ цы... Уæвгæ мæ дæс азы хистæр дæр нæ уыдзæни, — чысыл фенкъард, афтæмæй та дзуры йæхицæн, — фæлæ горæтаг чызг у, уæздан чызг, алы хæринаджы дзæбæхтæ хæры, тайæн хæринæгтæ, æмæ уæд алчидæр йæ азтæй хистæр фæзыны. Нæй, — аскъуыд- дзаг кодта йæхинымæр, — хæрзхуыз кæй у, уымæн афтæ зыны, æндæра мæ авд азæй хистæр нæ уыдзæни. Бирæ-бирæ — аст азы». Лæппу йæхицæн цы ныфсы мæсгуытæ фæцамадта, уыдон æм ныр иттæг фндар нал кæсынц — чызджы азтæ йын сæ сæнад кодтой æмæ нырхæндæг. «Хорз чызг у Тинæ, — æрхæндæгæй хъуыдытæ кæны дард- дæр, — фæлæ уый горæтаг чызг у, буц ахуыр æмæ-иу мæ нæ- химæ æрбауайын дæр нæ уадздзæн, стæй, мыййаг, нæхиуæттимæ дæр куы нæ фидауа». Хъыг æркасти Мурæтмæ, чидæр æй йæ мад æмæ йæ фыды цурмæ кæй нæ уадздзæни, йæ хъæуы-иу арæх кæй нæуал фен- дзæн. Чидæр æй сæ хъæуæй кæй иппæрд кæны, уыцы хъуыдыйæ йæ зæрдæ бауынгæг, йæ цæстытæ доны разылдысты æмæ йæ саулохы рохтæ фырмæстæй æрбалвæста, афтæ тыхджын сæ æрбалвæста, æмæ уый дæр дзыхълæуд фæкодта. 361
Бæх фæстæмæ разылдта, æмæ лæппу уæлбæхæй йæ цæстæн- гас ахаста сæ комыл. Чеселтгом æртæ фахсæй сыстад йæ алфамблай. Æппæт дæр — митæмбæрзт, митæхгæд. Бæлæстæ, æгæрыстæмæй Дзуары хъæд дæр — чырс æвæрд. Митбæрзæй нæзытæ ранæй-рæтты цы рада- рынц сæ цъæх цæнгтæ, æндæр æппæт дæр ныхъхъус и урс-урсид миты бын. Сæ хъæу нал зыны. Нал дæр Дыууæдонастæу. Фæлæ уалæ къæдзæхты сæрмæ, митрагъ бæрзæндтыл рабадт Хъола æмæ цыма æцæгæйдæр бæрзондыл бадæг Хуыцау уый у, уыйау бынмæ, кæмттæм æмæ иннæ хъæутæм йæ цæст дары. Хъæу нæ, фæлæ комбæстæ хъахъхъæнæг уæйыджы хуызæн у Хъола. Бады ай- нæджы сæр Æхсон уæйыг, йæ къæрид кæрц — йе уæнтыл, йæ урс нымæт — йæ быны. Бады æмæ тамако дымы. Хуыссæг æй ахсы, йæ цæстытæ æрцъынд вæййынц æмæ йæ сæр йæ риуыл куы æрхауы, уæд фестъæлфы, фæгæпп кæны, айнæджы сæрæй афæл- гæсы — тыхгæнæг макуыцæй фæзынæд, мыййаг. Нæй, æнæ йæ комбæстæ никуы фæцæрдзæн Мурæт. Кæм нæ уарзыс, уым куыд хъуамæ фæцæрай? Лæг цы уарзы, йæ зæрдæ уымæ фехсайы. Мурæт та сæ хъæуæй фылдæр ницы уарзы. Бæх разылдта æмæ дарддæр йæ цыды кой кæны. «Хъолайæ дæр тынг æппæлынц чиныджы, — йæ зæрдæ æрфæл- мæнтæ æмæ та хъуыдытæ кæны йæхицæн, — ныртæккæ Хъола нæ хъæуæй ницæмæй хуыздæр у, фæлæ Бегайы рæстæджы цæргæ хъæу уыдаид». ’ Рох дзы не сты сæ комы зæрæдты ныхæстæ. «Лæг бирæйы аргъ у, — йæхинымæр сын фæлхат кæны сæ ныхæстæ, цыма йæхи хъуыдытæ сты, — лæг куы бæзза, уæд йæхæдæг æнæхъæн æфсад у. Бега та æцæг лæг уыди». Нæ, канд Бегайæ не ’ппæлы ацы тæккæ Мурæт. Йæ зæрдыл лæууынц йæхи мады ныхæстæ дæр: «Уæ йæ фæхъхъау фæуон Мурæтæн, — хъуысынц æм йæ мады хъæлæсы зæлтæ, — уый ма нæ куы нæ уаид, уæд нæ дон — нæ дæлæмæ ласид, нæ уæлæмæ. Хæдзары иунæгæй дæр чындзæх- сæв у, æнæхъæн чындзæхсæв». Уæдмæ Сыгъдты бьгамæ дæр бахæццæ. Йæ уæнгтыл схæцыд, йæ бæхы базмæлын кодта æмæ йæ къæхтæ рогдæр айста митвæндагыл. Хъæуы куыйтæ уæлкъуыбыртæй смæнæ-мæнæ кодтой. Му- рæт тæргæ бæхæй фæлгæсы хъæуы ’рдæм, фæлæ дзы Тинæйыл йæ цæст никуы æрхæцыд. «Æгуыдты хъæу, æндæр ницы», — мæсты кæны лæппу. Уæдмæ цъала дæр фæстейы аззад. Сæхицæй ардæм, дыууæ хъæуы æхсæн, дзæбæх фæндаг уыди, надвæндаг. Ныр февзæрдæр. Айразмæ йыл дзоныгътыл афæд кодтой, фæлæ та уый фæстæ æруарыд мит æмæ æрæмбæрзта дзоныгъвæдты. Уæддæр хорз у, æмæ дзы фистæг бæлццæтты надвæндаг ис. Фæлæ уый дæр цæй фæд у. Нарæг. Картофы уæр- 362
мыты хуызæн дзыхъхъытæ-къуыппытæ. Бæхы къахайст сыл къуыхцы кæны. — Сабыр, Зыгъар, — æрбалхъивы бæхы рохтæ, — ам дын аф- тæмæй цæугæ нал у. Ардыгæй Хъемултамæ дæ зын, стæй уырды- гæй дæлæмæ машинæвæндаг у æмæ æйтт кæндзынæ. Уырдæм та авд километры бæрц у нырма æмæ æд уæргътæ ныффæллайдзынæ. Тагъд кæнын ницы пайда у. Тагъд дон фурды не ’ййафы. Хъæутæ фæсте аззадысты. Ныр ардыгæй машинæвæндагмæ кæд æнæнхъæлæджы фæндаггоныл амбæла, æндæр дзы змæлæг нал ис. Мурæты та фæнды ныхæстæ кæнын. Мит, урс-урсид мит схицау цæстныдзæвæнтæн. Бæхы къæхты бын хъыррыст кæны. Хаттæй-хатт, сабыр уынæргъдау, хъæдæй райхъуысы бæлæсты къæс-къæс. Уый сæ салд цæнгтæ схъæр- зынц митæвæрдты уæзæй. «Бега, кæй зæгъын æй хъæуы, саг лæг уыди, — здæхы фæс- тæмæ йæ раздæры хъуыдытæм, — фæлæ уый бынаты æз дæр афтæ бакодтаин, уæдæ æндæр куыд? Æцæгæлон адæм дын дæ хъæуæй куыд хъуамæ фæхынджылæг кæной? Уый фарон къахе- тæгты дæр афтæтæ фæндыд». Уыцы хъуыдыйæ лæппу бахъæбатырхуыз. Къахет сæрдыгон сæ фос ам æфцгуытыл фæхизынц. Æмæ сæ хизæнт. Фæлæ дзы ахæм æдзæсгæмттæ дæр разынд æмæ суанг хъæуы сæрвæтты онг æрыскъæрдтой сæ фос. Уыдæттæ сын нæ ныббарста Мурæт. Хъæуы лæппутимæ сæм ссыдысты æмæ сæ асырдтой хъæуы сæр- вæттæй. Исчи сын хынджылæггаг куы нæ у, мыййаг! «Æцæгæлон адæм та нын нæхи комы цы хъуамæ ракæной? Цы- фæнды тыхджын дæр уæнт. Нæ фæндæгтæ зонынц, нæ — æмбæх- сæнтæ. Ныддæрæн сæ кæниккам. Сухты цагъд баййафиккой». Афтæтæ хъуыды кæны Мурæт. Йе уæнгтæ базмæлын кæны, йæ гуырыл схæцы, йæхи саргъæй уæлæмæ сивазы æмæ бынмæ кæмæдæр сæрбæрзондæй ныккæсы. Фæндагыл та змæлæг нæ. Ныр лæппу фæфæсмон кодта, йæ фыды нымæт йемæ кæй нæ райста: йе уæхсчытыл æй æрбаппæрстаид æмæ æцæгæйдæр Уас- тырджийы хуызæн уаид. Нымæты бын йæ фыды гæрзтæ дæр æрбастаид æмæ йыл афтæ гæрзифтонгæй цыфæнды знаг дæр æрбамбæлæд — цæмæй дзы хъуамæ фæтæрса?! «Уæдæ ма исчи æрбабырсæд нæ коммæ, — мæсты кæны хины- мæр, — нырма нæ комы фаг лæппутæ ис, ничи нæ фæхынджылæг кæндзæни». Бахъæбатырхуыз Мурæт. Æмæ йæхинымæр нывæнды, знаг сæм куы æрбабырсид, уæд йæ ныхмæ куыд хуыздæр сарæхсик- кой, уый. «Нæ иутæ Дзуары хъæды фале къæдзæхы сæр бабадиккой, — фæндтæ кæны лæппу, — уым дунейы дуры цæндтæ ис, къæдзæ- хыйас дуртæ. Æмæ уым сусæгæй сæ разы бабадиккой, знаг сæ куыд нæ бафиппайа, æмæ уал знаджы мидæмæ, коммæ æрбауа- дзиккой». 363
Уыцы тохы нывтæ йæ цæсты раз бæрæг бæлвырд нывтæй стын райдыдтой æмæ йæхи банхъæлдта сæ комы лæппуты раз- дзогæй. . «Мæхæдæг иннæ лæппутимæ бабадин мидæггаг комы æмæ мах онг куы æрбахæццæ уой, уæд сыл хохыйас дурты зæйтæ рауа- дзиккам». Йæ цæстытыл уайынц, уыцы хохыйас дуртæ сын се знæгты сæ быны куыд цъист кæндзысты, уыцы нывтæ. «Уыдон фæстæмæ лидзынтыл фæуыдзысты. Æмæ уæд мах æргæппытæ кæндзыстæм, нæ бæхтыл абаддзыстæм æмæ сæ су- рынтæ сисдзыстæм». Уыцы хъуыдытæм йæ бæхы басхойы йæ къæхтæй. Бæх йæ уæззау уæргътимæ тырны митвæндагыл. «Уыдон Дзуары хъæды фале къæдзæхы онг куы бахæццæ уой, уæд сыл иннæ лæппутæ дæр рауадздзысты дуры зæйтæ, — цин кæны Мурæт йе знæгты сæфтыл, — уыдон сæмгьеры уыдзысты. Уæдмæ сæ мах дæр баййафдзыстæм, не ’хсаргæрдтæ фелвасдзы- стæм...» — Æ-æ-æ! — стæвд и лæппу æмæ æхсаргарды æфсон дардыл ныттилы йæ ехс, æрдауы дзы йæ хайуаны фæрстæ. Бæх дæр, мæгуыр, уыцы æвæндæгтыл сæпп-дугъ кæны. — Æ-æ-æ-! — æхсаргардæй знаджы сæр ныддауыны æфсон нымайы йæ бæхы фæрстæ. Бæх стæвд и, йæ хъару йæ цы амоны, уымæй уайы размæ. Йе рагъыл йæ уæззау уæргътæ схъиуынц æмæ сæ уæзæй фæцæйсæт- ты йæ астæу. Лæппуйы цæстытыл уайынц йе знæгтæ. Мæнæ та дзы иуы баййæфта, æхсаргард дард фæхаста, æмæ... Дзæхст! — бæхы фарсыл тыфылтæ акалдта йæ гæрз ехс. Мæ- гуыр хайуан сонтæй йæхи размæ аппæрста æмæ... Æмæ дарддæр цы æрцыд, уымæн æвиппайды ницыуал раха- тыд. Кæдæмдæр сæрбихъуырæйттæгæнгæ куы атахт, уæддæр ма тохы нывтæ уадысты йæ цæстытыл æмæ йæ сæры фегуырд: чи- дæр æй фæсте мæнгардæй æрбахста. Миты уæлæ йæ цæлхъ фæцыд Мурæтæн. Астæумæ мит у æмæ дзы рисгæ ницы фæкодта, фæлæ йæм афтæ кæсы, цыма йыл знаджы нæмыг сæмбæлд, ныр знаг йæ уæлхъус лæууы æмæ куы базмæла, уæд ын йæ сæры тенка æхсаргардæй æрдаудзæн. Иуцъусдуг дæргъæй фæлæууыд митыл. Миты уазал куы æрха- тыд, уæд ыл æртæфст, бамбæрста, кæм ис — æмæ фæгæпп кодта. Чысыл æддæдæр Зыгъар йæ зонгуытыл лæууыд, йæхи стон- стон кодта хъæпæнæй. — Йæ къах ма ацъæл уæд? — фæтарст лæппу æмæ йæм бауад. Бæхы идоныл ныххæцыд, лæгъстæ йын кæны: — Зыгъар, сыст-ма, гъо, Зыгъар, — ивазы бæхы рохтæ. Бæх йæхи стыдта хъæпæнæй. Æнæбары надвæндагмæ бахыз- тысты, тыхст зæрдæйæ сгары бæхы къæхтæ. Нæй, аирвæзтысты фыдбылызæй — бæхæн йæ къæхтæй йæ 364
быны ничи чиуы. Фæлæ хид тынг сси. Бафæллади. Йæ кому- лæфт йæ фындзыхуынчъытæй цыхцырджытæй кæлы. «Ныр сæлхæр нæ дæн! — мæсты кæны йæхимæ, — кæдæм тардтон бæхы ахæм уæргътимæ?» Æмæ нырма ныр фæфиппайдта, уæргътæ бæхы рагъыл кæй иал сты, уый. Кæсы, æмæ уæртæ æддæдзæф кæрæдзимæ сæ сæртæ ныббыцæу кодтой дыууæ голладжы, афтæмæй нынных- стысты миты. Афтæ зыны, цыма цæукъатæ сты æмæ сыкъайæ хæцынц. — Æнæрай уæ фæуæд уæ хицау, — æлгьиты сæ Мурæт æмæ дауы йæ бæхы сæр. Бæх, æвæццæгæн, тæрсгæ фæкодта, гъе та уазал сси — йæ мидбынат базмæлыд, йæ хид буар базыр-зыр кæны. — Ныртæккæ, Зыгъар, ныртæккæ, — лæгъзытæ кæны йæ хай- уаны. — Ма тæрс, Зыгъар. Æрсабыр у. Уæртæ уæргътæ баппар- дзыстæм æмæ фæндагыл цæугæ-цæуын нал суазал уыдзынæ. Дауы, рæвдауы йæ хайуаны æнахъом фæндаггон æмæ цæс- тæнгасæй бары йæ уæргътæ. Уæдмæ бæх дæр йæ ризынæй фæ- лæууыд. Йæ идоныл ын ныххæцыд, баласта йæ уæргъты цурмæ. — Афтæ лæуу, Зыгъар, — зæгъы йын бардзырдау æмæ идон суагъта. Голджытæ бараст кодта, сæ миттæ сын æрцагъта, дыууæ къухæй схæцыд уæргътыл: марадз-зæгъ, кæд сæ бынæттæй читт дæр фæкæной. Æркæстытæ сæм кодта, йæ тых-йæ бонæй та сыл схæцыд. Уæргътæ базмæлыдысты, фæлæ митæй сыскъуынын нæ бакуымд- той. Суагъта сæ, æмæ уыдон дæр ноджы арфдæр æрныхстысты. «Афтæмæй ницы, — фæндтæ кæны лæппу, сæ алыварс сын мит йæ къахæй нæмы, — миты ныссагъдысты æмæ сæ афтæмæй не сфæраздзынæн». ’ Æнæхъæн галдзармы бæрц ныннадта йæ къæхты бын. Гол- джытыл радыгай схæцыд, æрæвæрдта сæ над митыл. Ныр æй зоны, афтæмæй дæр сæ нæ сæппардзæн бæхы рагъмæ, фæлæ уæргътæн ам ныууадзæн дæр нæй. Йæ ныфс нæма асаст. Уæргъты æхсæн йæ зонгуытыл ’рлæууыд, сæ астæумæ сын йæ уæхск сбыцæу кодта, сæнцад йæ тых-йæ бонæй. Уыдон чысыл фæхицæн сты митæй, фæлæ йæ уæрджытæ митыл афтæ нындæгъдысты æмæ дзы ныхсгæ цы кодтой, æндæр йæ къахыл слæууын йæ бон нал баци. Нæй, нæ сæтты уæддæр йæ ныфс Мурæтæн. Йæ зонгуытыл нал, фæлæ йæ къæхтыл слæууыд, йæ астæу æртасыд, афтæмæй йе уæхск бабыцæу кодта уæргъты æхсæн æмæ ногæй схæцыд. Ныр та йæ астæу сраст кæнын нал баци йæ бон. Æмæ фырмæтæй йæхи æруагьта уæргътыл. Бады æмæ хъуыды кæны: «Цы чындæуа?» Ныр уæргъты бæхы рагъмæ сæппарын йæ бон кæй нæуал бауыдзæн, уый зоны, æнæ сæппаргæ та сын нæй. Æмæ цы бачындæуа? Æнæрайы фæндагыл сты æрмæстдæр дыууæйæ: йæхæдæг æмæ йæ бæх.^Бæх цы? Уæргътæ сисынмæ йæм куы нæ фæкæсдзæн, мыййаг. Йæхи исты æрхъуыды кæнын хъæуы. 365
«Бæх фæндаггоны ныфс у», — хъуыды кæны Мурæт. Уæдæ цы бакæна, ам æм æввахс, уд кæм тæлфы, ахæм ничи ис, уæдæ кæмæй авæра йæхицæн ныфсытæ. Æмæ ссардта ныфсы фæрæз: ахæм рæстæджы хорз бæх йæ хицауы бамбары. Зыгъар митыл куы æрхуыссид, уæд ын уый та йæ рагъмæ ацы æнæрайы уæргъты тулгæ бакæнид. Сыстад æмæ йæ бæхы сæр йæ хъæбысы ныттыхта, лæгъзытæ йæ кæны. — Зыгъар, — æппынфæстаг лæгъстæгæнгæ дзуры йæ бæхмæ, идон ивазы бынмæ, афтæмæй: — Зыгъар, дæ низтæ, æрхуысс-ма, гъо. Фæлæ бæхмæ æрхуыссыны фæндæй ницы ис. Йæ къæхтæ ныббыцæу кодта над митыл, лæууы хæлиуæй æмæ йæ сæр ныт- тилы. — Цæй-ма, гъо, Зыгъар, — лæгъстæ йын кæны Мурæт, — куы йæ зоныс, нæ дыууæйæ дарддæр нæм ничи фæкæсдзæн, уæд кæмæ æнхъæлмæ кæсæм? Æрхуысс иучысыл, æмæ ацы дзæгъæйладжы уæргътæн исты хос скæнæм. Марадз-зæгъ — бæх читт дæр нæ кæны. Æвæццæгæн, искуы фехъуыста, хорз бæхæн æрхуыссын кæй не ’мбæлы æмæ кад- джын бæхы ном дæлæмæ нæ уадзы. — Цæй-ма, гъо, Зыгъар. Куы йæ зоныс, ацы уæргътæн Дзау- мæ æнæ ныппаргæ нæй, уæд мæ цæуыннæ æмбарыс. Сæхи æгъда- уæй куы нæ ныццæудзысты, мыййаг. Ды мæ коммæ бакæс, æмæ фæстæмæ куы ’рбаздæхæм, уæд та дын æз родты цъæх хосæй сусæгæй радавдзынæн æмæ мерс кæндзынæ. Хорз? — лæгъстæ йын кæны Мурæт, иу къухæй идон ивазы бынмæ, иннæ къухæй бæхы къах скъæдз кæны; фæлæ йын йæ дыккаг къахмæ куы бавналы, уæд бæх йæ къæдз къах митмæ ногæй фæбыцæу кæны. — Хорз бæхæн йæ хицау куы зæгъа, уæд хъуамæ хуысгæ дæр æркæ- на. Уый-иу сæрвæты æфсæстæй ма схуысс къамбецау, æндæр ам та æнæсæрмæхæссинагæй ницы ис? — лæгъстæ кæны бæхæн, ар- хайы, цæ’мæй бæх æрхуысса. Бæх æй æмбаргæ нæ кæны æви цы — хæлиувадæй лæууы ми- тыл. Лæппу йын йæ идон куы æривазы бынмæ, уæд уый та, фыдаудгæнæгау, йæ сæрыл бæрзонд схæцы, йæ бæрзæй нысхъæл кæны. Смæсты Мурæт. Йæ бон дзы базыдта æмæ йæ ныхъхъуытты уагъта. — Кæд ахæм бæх дæ, — мæстæйдзагæй йæм хыл кæны æмæ йæм фыдæхы цæстытæ базилы, — кæд дæ сæрмæ æрхуыссын нæ хæссыс, уæд уæдæ кæлгæ цæмæн фæкодтай? Æви хорз бæхæн кæлын фидауы? — Мæнмæ гæсгæ, æвзæр алцæмæй дæр æвзæр у, — загъд кæны йæ бæхимæ, — лæг дæ хуызæн бæхимæ хъуамæ фæн- дагыл рацæуа? Ахæм фæндагыл сæрбихъуырæйттæ чи кæны, уымæй цы хъуамæ бадомай! Фæхæрам и Мурæт йæ бæхмæ. Тæргайгæнæджы лæуд скодта фæндаджы былыл. Ныр æй иунæгæй фæндтæ кæнын хъæуы — 366
йæ бæхæй йæ ницыуал ныфс ис. Уæргътæ уæддæр æнæмæнгæй кæй сæвæрдзæн бæхыл, уыцы ныфс та йын сæтгæ нæ кæны. Хур арвыл дзæвгар сфардæг. Мит, урс-урсид мит алырдыгæй- ты йæ урс дæндæгтæ бастыгъта æмæ худы, райы, тæмæнтæ калы. Цæуыл бацинзæрдæ, уымæн ницы хаты Мурæт æмæ ныр та уымæ мæсты кæны, къахæй йæ сфæйлауы, мыхъхъытæ йæ кæны йæ резинæ цырыхъхъытæй. «Æниу, миты аххос дæр цы у, — мæсты дзагъултæ бакæны йæ хайуанмæ, — бæхыл къах куы нæ уа, уæд асфальтыл дæр фæкæл- дзæн. Фæлæ уæддæр исты хос хъæуы», — сагъæс кæны лæппу. Фæндаджы былыл лæууы, фæлгæсы йæ алыварс. Дæлвæндаг æмуырдыг нæу, селфамадау ахаста. Бæхы дæлвæндагмæ ныккæ- нын хъæуы: чи зоны, афтæмæй йæ бон бауа уæргътæ сæвæрын. Уыцы хъуыдыйыл ниццин кодта. Дæлвæндæгты йæ цæст хæс- сы, æвзары, кæм хуыздæр уыдзæни, кæм æрлæууын кæна бæхы? Фæндагыл дыууæрдæм арауай-бауай кодта, равзæрста хуыздæр бынат: кæм лæууыдысты, уымæй чысыл дæлдæр. Фæлæ уæргътæ уырдæм дæр хæссын хъæуы. Æмæ сæ чи хъуамæ ныххæсса? Ницы хуызы сæ ныффæраздзæн. Хъуыды кæны æмæ та ссардта фæрæз: «Уæргъты цурæй уырдæм, фæндаджы тæккæ былгæронмæ мит ныннæмын хъæуы, æмæ сæ над митыл ласæгау ныккæндзы- нæн»,’— цин кæны йе ’рхъуыдыйыл. Астæумæ мит æнцон нæмæн кæм у, фæлæ дæ цы фæнды, сим- ды куы бацæуай, уæд дзы симын хъæуы. Æмæ нæмы астæумæ мит йæ къæхты бын. Мит мит у, фæлæ уый дæр къæхты бын коммæ нæ кæсы, нæ комы ссæндын. Æмæ лæппу афæллад. «Ам хæрæмттæ ницы пайда сты, — йæ бæхы æвæлмон лæудмæ мæсты кæны Мурæт, — фæндагыл дыууæйæ стæм, æмæ нæ фæн- даджы зынтæй йæхи хъуамæ мачи тылиф кæна». Ныххæцыд бæхы рохтыл, йæ фæстæ йæ ласы, ныр дыууæйæ нæмынц æгоммæгæс миты. Иу дзæвгар ыл куы арацу-бацу код- той, уæд та бæхы æрурæдта, йæхæдæг ма йыл цалдæр цыды акодта, былгæрон уæрæхдæр зиллакк сарæзта, æмæ йæ куыстæй йæ зæрдæ барухс. Иучысыл аулæфыд æмæ сыздæхт йæ уæргътæм. Йæхи ба- уыгъта, йæ уæнгтыл фæйнæрдæм ахæстытæ кодта æмæ сыл ра- хæцыд. Иучысыл сæ раласта, фæлæ дарддæр уæргътæ ласын нал куымдтой. Надвæндаг æгæр нарæг уыд, голджытæ уыцы нукгон- ды нæ цыдысты, сæ разæй мит счъил кодтой æмæ сæ афтæмæй та иу цæд-гал дæр нæ рафæрæзтаиккой. — Ныр мыл цы уынгæджы бон ис, — ныууынæргъыдта лæппу æмæ фырмæстæй йæ цæстытæ доны разылдта, — куыд уынгæ- джы фæдæн, цы ми сын бакæнон? Æрбадти та уæргьтыл. Ныр æй афтæмæй йе ’фсымæр куы фе- нид, уæд дзы куыд хынджылæг кæнид, уый ауад йæ цæстытыл. «Уый уым йæхицæн хъармы бады йæ усы фарсмæ, — мæсты 367
кæны йе ’фсымæрмæ, — æмæ æз та цы уынгæджы фæдæн? Цыма æз не сбадин хъармы». Хъуыдытæ кæны Мурæт æмæ йæм афтæ кæсы, цыма æппæт адæттæ, ус ын кæй нæма ис, уый аххос сты. Уæд йæ зæрдыл æрлæууыд, йе ’фсымæры цур цы чызг цæры, уый. Хорз чызг у, рæсугъд, фæлмæнтæ, фæлæ нырма гыццыл у, йæхицæй æнæхъæн дыууæ азы бæрц кæстæр. Уый нырма кæд сыстыр уыдзæн. «Уый нырма кæд сыстыр уыдзæн, — бустæ кæны йæхины- мæр, — æмæ уæдмæ æз фыдæбонæй мæлон?» Бустæ кæны Мурæт, фæлæ уæддæр уыцы чызг уайы йæ цæс- тытыл. Йæ риуы цавæрдæр хъарм уылæн æнхъæвзæнтæ кæны æмæ хаты: куы йæ зонид, чызг дæр æй уарзы, уæд æм æнæмæн- гæй кæй банхъæлмæ кæсид. «Тинæ йæ цуры тыппо куы у», — йæ раздæры уарзоныл йæ къух ауыгъта лæппу æмæ æркаст уæргътæм. Уæргъты уынд та йын йæ сæрæй асырдта йе ’хцон хъуыдытæ. «Нæй, æнæсыхалгæ сын нал ис», — бамæт кодта йæхимидæг. Халы голджыты баст, фæлæ йын халын дæр нæ комынц — йæ фыд сæ афтæ ныббаста, цыма гæркъайæ здыхт сты. Уæддæр сæ сыхæлдта. Ахæцыд дзы иуыл. Ныр голлаг йæ коммæ каст. «Иугæйттæй та сæ цы ласын хъæуы», — байради йе ’рхъуы- дыйæ æмæ йæхицæй бабуц. Дыууæйы дæр куы нылласта, уæд æм æрцыди æндæр фæнд: хицæнæй сын сæ кæмттæ бабæтт, хордзен дихтæ сæ фæкæн сæ астæутыл æмæ сæ афтæмæй сæвæр саргъыл. Иу голладжы ком уал дзы бабаста æмæ ацархайдта голлаг йе ’мбисыл хордзен дих акæ- нын. Фæлæ голлаг æгæр йедзаг уыд æмæ йæ фæндæй ницы рауад. «Æнæрай сæ фæут, кæд сæ кæдæм байдзаг кодтат!» — мæсты кæны йæ мад æмæ йæ фыдмæ. Фæстæмæ сыхæлдта голладжы ком. Дыууæ голладжы кæмттæ кæрæдзиуыл авæрдта, фæйнæрдæмыты сæ фæдыдагъ кодта, æмæ сæ ныббаста синагæй. Фыццаг хатт нæ бæтты уæргътæ æмæ кæд не суæгъд уаиккой. Бæхы идадзæй нылласта дæлвæндагмæ. Уæргъты бынмæ йæ баурæдта, фæлæ йæ алыварс йæ цæст куы ахаста, уæд ыл æртæфст: уæргътæ бæхы рагъмæ исты хуызы куы баппара, уæд- дæр тас у, æмæ æвæд миты бæх æд уæргътæ хæрды ма сфæраза. Бæхы уым ныууагъта æмæ та йæ бахъуыд йæ фæд-йæ фæд уæл- вæндагмæ фæндаг нæмын. Æнæбары фæд дзы сарæзта, йæ хай- уаны сæр та æрлæгъзытæ кодта, ныффæдзæхста йæ, æнцад лæуу, зæгъгæ, æмæ уæлбылмæ æмхæрд схызти. Ныр бæхы рагъ фæндаджы æмвæзадыл уыд, фæлæ дæлвæн- даг æгæр селфамадау цыд, фæндаджы былæй бæхы рагъмæ — æнæхъæн метры бæрц дæрддзæг. Бæхæй уæргъты æхсæн йæхицæн æрлæууæн бынат æрцарæз- та, мит къахæй æрнадта æмæ голджытыл тæккæ былгæронмæ æрбахæцыд, æрбахæцыд саргъы гоппыл дæр йæхирдæм. 368
— Зыгъар, æнцад лæуу, — ныффæдзæхста бæхы æмæ скуыв- та: — Гъе Хуыцау, рæстмæ мын ауадз мæ хъуыддæгтæ. Йæ иу къах бынæй над митмæ ныббыцæу кодта, иннæ иу къæп- хæны бæрц уæлдæр æрфидаргæнгæ голджытæй иуыл рахæцыд, æруагъта йæ йæ уæрагмæ, иу къухæй сæвнæлдта иннæ голлагмæ дæр æмæ йæ чысыл æрбырын кодта. — Гъе Хуыцау, ма фæбырæд æмæ сæ уæз ма рахæссæнт, — скуывта та æмæ, йæ уæрагыл цьт голлаг æрынцад, ууыл дыууæ къухæй сæнцад: йæ тых, йæ хъару цы амыдтой, уымæй голладжы саргъмæ бахста. Голлаг саргъы онг бахæццæ, фæлæ иннæ голла- джы дæр йæ фæстæ рариуыгъта, йæ уæз рахаста æмæ дыууæ голладжы дæр æмхауд æркодтой бæхæй лæппуйы æхсæн; бæргæ ма сæм фæлæбурдта, фæлæ уыдон бæхы къæхты æхсæнты сæхи ахастой æмæ дæлæ уырдыджы бынмæ фæтулынц, сæрбихъуы- рæйттæгæнгæ. Дæлдæр бæлæсты рæбын бæласы зæнгыл сæ дзæхст фæцыд. Лæппу фырадæргæй сæ фæстæ кæсгæйæ баззад, бандзыг йæ мидбынат. Ныр ыл цыдæр стыр худинаггаджы хъуыддаг æнæ- мæнгæй кæй æрцæудзæн æмæ йын йæ худинаггаджы ми сæ хъæу кæй базондзысты, уый тасæй йæ уæрджыты магъз адон, митыл æрхаудта. Йæ æгуыдзæг æдыхы уавæр ын йæ хурхы сæртæ æрбалвæста, йæ маст æй хуыдуг кодта, йæ зæрдæ суынгæг, йæ цæстытæ фыццаг доны азылдысты, стæй хъарм цæссыгтæ æрлæ- дæрстысты йæ рустыл. Йæ æдых, йæ æвæрæз уавæр йæ сæрмæ нæ хаста лæппу æмæ куыдта ставд цæссыгæй. Кæуын дæр нæ хаста йæ сæрмæ, йæ цæссыгтæ сæрфта йæ хуылыдз къандзолы дысæй, фæлæ уыдо- нæн сæ цæуæнтæ фегом сты æмæ сæ нал урæдта. Куыдта, афтæ- мæй касти бынмæ, далæ йæ уæргътæ кæм æрынцадысты, уыр- дæм. Йæ ныфс асаст, уæргътæ ма бæхы рагъмæ сæргъæва, ууыл нал хъуыды кодта. Уый нæ, фæлæ ма сæ уæлвæндагмæ сæппара, уый хъару дæр нал хатыд йæ къабæзты, уыцы хъуыды йæ дæл- дзиныг кодта. Ахæм æдыхæй никуыма банкъардта йæхи Мурæт æмæ лæдæр- сынц йæ цæссыгтæ. Цы сараза, ууыл хъуыды кæны, ницы амал ары æмæ мæт кæны йе ’гуыдзæг уавæрыл. Цæйнæфæлтау дзы сæ хъæуы æгуыдзæджы ном ахъæр уа, фæлтау разы у абырæг алидзыныл. Уыцы хъуыдытæй ныфсы рухс бакалд йæ риумæ æмæ чысыл æрсабыр. Ныр ын абырæг фæлидзынæй дарддæр кæй ницыуал амал ис, ууыл гуырысхо нал кæны. Æмæ та бахъæбатырхуыз. Йæхимидæг нывæнды, абырæг куы фæлидза, уæд цытæ архай- дзæн, уыдæттæ. Нæ, Мурæты нæ фæнды, адæмы чи мары, ахæм абырæг уа. Абырæг дæр йæхицæн кад кæнын хъуамæ зона, æмæ Мурæт та зоны йæ сæрæн кад кæнын: куыд хъуамæ бафхæрай мæгуыр лæ- джы, куыд ын хъуамæ байсай йæ æнæбары муртæ? Фæлтау фæ- 24 Ирон Л1гтерлтурæ сывæллæттæн 369
цæудзæн, уартæ Америкæйы цы æхцаджын адæм ис, уыдонмæ æмæ сын сæ милуантæ рамырхдзæн. Афтæтæ хъуыды кæны Мурæт. Бады фæндаджы былыл ми- тыл, бæх æмæ уæргътæм ныккæсын йæ цæст нал-тæры æмæ йæ йæ хъуыдытæ ахастой уыцы милуантæ давынмæ. Фæлæ йæ давгæ- давын куы æрцахсой, уымæй дæр æдас нæу æмæ æвзары æдас фæндæгтæ. Хъуыды кæны Мурæт, æмæ куы ницы амал æрымы- сыд, уæд аргъæуттæм йæхи аппæрста. Аргъæуттæ йын йæ къух ацарæзтой: гамхуд йæ сæрыл ныккæндзæни æмæ ма йæ уæд та чи фендзæн? Ничи йæ æрцахсдзæн. Æхца голджыты байдзаг кæн- дзæн — æхца гæххæтт у, æмæ уыдон дæр уæззау куы нæ уыдзы- сты, — йæ уæргътæм ныккæсгæ фæндтæ кæны йæхицæн, — бай- дзаг дзы кæндзæн голджытæ æмæ сæ рантъухдзæн. Ам та чысыл йæ хъуыдытæ фæсыкк сты: гамхуд йæ сæрыл уыдзæн, йæхæдæг нæ зындзæн адæммæ, фæлæ голджыты дæр амбæхсдзæни? Голджытыл конд куы нæ уыдзæн гамхуд? Æмæ голджытæ сæхигъдауæй куы рацæйцæуой уынджы, уæд сыл адæм сæ цæст куыннæ æрæвæрдзысты? Æртымбыл сыл уыдзысты æмæ æд голджытæ се ’хсæн аззайдзæн. Адæм голджытæм къухæй æвналдзысты æмæ уæд ууыл дæр аныдзæвдзæн сæ къух — зынгæ нæ кæндзæн, фæлæ йыл уæддæр сæ къух аныдзæвдзæн. Æмæ уæд уыдон базондзысты, ам ма æмбæхст чидæр кæй ис, æрцахс- дзысты йæ, йæ гамхуд ын скъуырдзысты æмæ... Нæй, уыдæттæ нæ фæцыдысты йæ зæрдæмæ. Хъуыды кæны лæппу, æмæ та уымæн дæр ссардта фæрæз: стыр хæлаф бахуыйдзæн, фæтæнвадыг хæлаф, тынг фæтæнва- дыг, æхца уым ныккалдзæн, æмæ уæд уыдон дæр нал зындзысты гамхуды бын. Ныр утæппæт æхца дæр йæхирдыгæй фесты, æмæ дарддæр цы араза, ууыл хъуыды кæны. Йæ сæнтты ныгъуылы, фæлæ йæ цæстæнгас йæ алыварс куы ахæссы, уæд æй йæ фæндаджы мæт бауигъы æмæ та адæргæй йæхи аппары йæ сæнттæм, йæхи се ’вджид бакæны. Йæ зæрдыл æрлæууыдысты, айразмæ йын йе ’фсымæр цытæ дзырдта, уыдон. Кинойы, дам, сæ федтон: æрымысыдысты æнагъæддаджы мигæнæн — мæнæ дзыппы кæй дарынц, ахæм дæр- гъæццон рухсгæнæны хуызæн. Фæлæ уыцы рухсгæнæнæй хуы- мæтæджы рухс нæ кæлы, йæ рухс цæуылдæриддæр ныдзæвы, уый кæрды æмæ ссæнды йæ разæй: дур уа, æфсæйнаг уа, зæхх уа — алцыдæр. Утæппæт æхцайæ ахæм рухсгæнæн куыд нæ балхæнид? Æмæ уæд æрбаздæхид сæ хъæумæ. Уыцы рухсгæнæнимæ сæ хъæумæ куы æрбаздæха, уæд дарддæр цы ми кæндзæн, ууыл ныхъхъуы- ды кодта æмæ та йæ цæст схæцыд йæ уæргътыл. Æрбаздæхид сæ хъæумæ. Сæ хъæу ыл тымбылтæ кæниккой, фæрсиккой йæ, нырмæ кæм уыд, уымæй. Уый сын зæгъид: — Уыдæттæ уал фæуадзут, фæлæ ма мын бæх ракæнут. 370
Адæм ын дис кæниккой йæ митыл. Уый бæхыл сбадид æмæ сисид йæ диссаджы рухсгæнæн, сæ хъæуы цур æй хохы фарсмæ ныддарид, йæ рухсгæнæн йæ разæй гæрдид уæрæх фæндаг, уæртæ Рукъæй Дзæуджыхъæумæ цахæм фæндаг гæрдынц, ахæм. Уый бæхыл бадид æмæ тындзид размæ. Дыууæ сахатмæ хæхты бын- ты сæхицæй Дзаумæ ацаразид фæндаг, машинæтæ кæм цæуой, ахæм раст æмæ лæгъз фæндаг. Æмæ, цыфæнды мит уара, цы- фæнды тымыгътæ кæна, уæддæр сæхицæй Дзаумæ кæддæрид- дæр сур фæндаг уаид. Йæхицæй ныббуц æмæ сæхицæй Дзаумæ фæндаг кæй ацарæз- та, уый дæр æм фаг нал кæсы. Ахæм фæндæгтæ ма саразид сæхицæй Чъребамæ дæр, Дзæу- джыхъæумæ дæр, Къуайсамæ дæр, Хъевселтмæ дæр — кæмдæ- риддæр сæхиуæттæ цæрынц, уырдæмыты. Цы æхца ма йæм уа, уыдонæй поездтæ балхæнид, æмæ уыцы фæндæгтыл æхсæвæй- бонæй æйтт кæниккой поездтæ. Æрмæст уыцы поездтæ иууыл- дæр хъуамæ цæуой сæ хъæуыл. Уым сын хохы бын стыр бынат саразид разилынæн, æмæ сæ чердæм фæнды, уыцырдæм-иу ази- ликкой. Ныр æм уыдæттæ дæр фаг нал фæкастысты. Йæ зæрдыл æрлæу- уыд, а сæрды Дзауы фале Хуымысæрты цы ныккæндтæ аразгæ федта, уыдон: бомбæтæ, дам, ныл куы калой, уæд, дам, уым æмбæхсдзысты адæм. Уыдонæй цæй æмбæхсæн бынæттæ ис?! Фæлæ хæхты бынты фæтæн фæндæгтæ куы сараза, уæд уыдон цыфæнды æмбæхсæнтæй дæр хуыздæр уыдзысты. Фæндæгтæ дæр уыдзысты æмæ сыл фæсфурдæй бомбæтæ куы калой, уæд та — æмбæхсæн бынæттæ. Хæхтыл цыфæнды бомбæтæ кал, уæд- дæр дзы хæхты бынмæ цы хъуамæ æрхæццæ уа? Ницы! Æмæ сæхиуæттæ иууылдæр æнæфыдбылызæй аирвæзиккой. Хъахъ- хъæнджытæ дзы сæвæрид, цæмæй та сын сæ æцæгæлон адæм ма бацахсой. Ныр йæхи банхъæлдта, Чъребайæ Дзæуджыхъæумæ цыдæрид- дæр адæм ис, уыдон ирвæзынгæнæгыл æмæ разы у йæхицæй. Йæхицæн искуы хæцæн бынат саразид — арф, хæхты бын. Уырдыгæй йæ хъус дарид æмæ, бомбæтæ чи кала, ахæм хæдтæ- хæг куы суына, уæд та йæм-иу йæ æнæхуызæнон рухсгæнæн сда- рид, хæдтæхæджы-иу уæлдæфы лыстæг кæрдæнтæ акæнид, зæхмæ дзы куыд ницыуал æрхæццæ уа, афтæ. Æцæгæлон адæм ын лæгъстæ кæниккой, æмæ дзы йæ зæр- дæмæ чи цæуа, уыдонæн дæр саразид æмбæхсæнтæ. Æрмæст лæвар — нæ. Тынг зынаргъæй. Æмæ уыцы пайда уарид йæ адæ- мыл. Уыдон сбонджын уаиккой æмæ цардæй тъæпп хауиккой. Æмæ гъеуæд се ’ппæт дæр базониккой, Мурæт цы лæг у, уый! «Мæхицæн ус æрхæссин, — хъарм фæндтæ нывæнды йæхи- цæн — иу дзæбæх чызг, уæздан, фæлмæнтæ арæзт. Æмæ царды дзæбæхæй цæриккам. Нæдæр Америкæйæ тæрсиккам, нæдæр — зымæгæй». 371
Зымæджы коймæ та йæ зæрдыл æрлæууыдысты йæ уæргътæ æмæ сæм ныккаст. Уыдон бæласы рæбын ныддæргъ сты тæвд боны хуытау. Ныр ын сæ фенд, æцæгæйдæр, фаджысыамæзт хуытау æнæуынон уыд, фæлæ сæ уындæй тас нал æвзæрд йæ риуы. Утæппæт æппæтхъом хъуыдыты фæстæ та баныфсджын, йæ къабæзты та фæхатыд æгæрон тых, æмæ сын исты хос æнæ- мæнгæй кæй скæндзæн, уый та йæ бауырныдта. Фæлæ цы? Хъуыды кæны лæппу йæ æнæрайы уæргътыл. Йæ сæнттæй æрыздæхт, фæлæ уæддæр йæ сæнтты арт нырма йе уæнгты æнхъæвзæнтæ кæны, æмæ утæппæт диссæгтæ аразынмæ йæ ныфс чи хæссы, уый, ома, ацы дыууæ голлагæн мацы æрымыса, уый йæ нæ уырны. «Фæндагмæ уал сæ схæссын хъæуы», — аскъуыддзаг кодта йæхинымæр. Йæ бæхы фæндагмæ сласта, уым æй идонæй бæласы цонгмæ бабаста æмæ ныллæгæрста йæ уæргътæм. Схъил сæ кодта æмæ йын уайтагъд арахъы тæф йæ фындзы хуынчъытæ ныццавта. Æркаст сæм, иу голладжы фарс дзы ныллæхъир. Йе ’фсымæрæн цы арахъ рахаста, уый пластмассæй арæзт мпгæнæны уыд конд — нæ ацъæл уыдаид. «Æвæццæгæн, Бежантæн цы дурын рарвыстой, уый ацъæл», — мæт кæны йæ арахъхъыл æмæ сыхæлдта голджыты баст. Дурын æцæгæй дæр базгъæлæнтæ. Æвæццæгæн, бæласыл сæмбæлд, æндæ- ра митыл кæцæй ацъæл уыдаид. Дурыны бын къусгондæй аззад, аззад ма йæ мидæг хæрз чысыл арахъ дæр. Лæппу йæ систа, басмыста йæм, ахъуыды кодта, аназа йæ æви нæ. Арахъы тæф никуы уарзта, фæлæ цæмæй фæныфсджындæр уа, уый тыххæй дзы иу хуыпп акæнон, зæгъгæ, йæ йæ былтæм схаста, фæлæ дзы йæ бон нуазын не сси æмæ йæ адыввытт кодта. Голлагæй суыгъта дурыны иннæ цъæлтæ дæр. Арахъ голладжы алæдæрст, æмæ цых- тæй æндæрæй иууыл арахъы тæф скодтой. Голладжы æнæхъæнæй уыцы æмхæрд кæй не сфæраздзæн, уый та йын цы зонын хъæуы æмæ цы бакæна? Нæй, фæцухтæ сæ хъæуы. Хæссинæгтæ æвдæлон кæны голлагæй. Кæй исы, уыдон æвæры бæласы рæбын, куыд нæ атулой, афтæ. Се ’рдæг сын равдæлон кодта æмæ схæцыд. Ныр бирæ фæрогдæр ис. Йе ’ккой йæ акод- та, иу къухæй хæцы голладжы комыл, иннæ бахъуаджы сахат митмæ фæбыцæу кæны, афтæмæй тырны. Æмбисвæндагмæ дæр нæма схæццæ, афтæ йыл йæ уаргъ уæз кæнын райдыдта, йæ къæхтæ йæ коммæ нал кастысты æмæ, йæ сæрибар къухыл арæх- дæр æнцойгæнгæ йæ цыппæртыл хилы уæлæмæ. Схид и. Хиды цæхджын донæй сдудыдтой йæ цæстытæ æмæ æрлæууыд, йæ хъуынджын худ систа йæ сæрæй, йæ цæсгомы хид дзы ныссæрф- та æмæ йæ сæхста уæлвæндагмæ. Ныр ын чысыл фенцондæр, зымæгон хур боны уазал æхсызгонæй æмбæлд йæ хидæйдзаг сæ- рыл æмæ та йе уæнгты фæхатыд ног хъарутæ. 372
Æппынвæстаг схылди уæлбылмæ. Йæ уаргъ митыл æрæппæр- ста, æхсызгонæй сулæфыд. Йæ хуылыдз бæмбæджджын къан- дзолы дысæй ныссæрфта йæ цæсгомы хид, иудзæвгар аулæфыд, стæй ма голладжы цы аззад, уыдон дæр фæндаджы был митмæ равдæлон кодта æмæ афтид голлагимæ ныздæхт фæстæмæ. Дыккаг цыд дæр ын бантысти. Ныр уал дзы иуæй ирвæзт у. Голладжы йæ хæссинæгтæ нывæрдта, фыццаг куыд уыдысты, афтæ æмæ митыл æрбадт. Иучысыл куы аулæфыд, уæд æм хъа- рын райдыдта зымæгон уазал æмæ йæ зæрдыл æрлæууыд: хи- дæйдзагæй уазал адæймаджы ныццæвы. Иæ худ ацагуырдта, ссардта йæ, йæ миттæ йын ацагъта æмæ йæ ныккодта йæ сæрыл. Худ миты уæлæ суазал, йæ сæрæй йын суры йæ фæллад æмæ та дзы уый ныфс бауагъта. Ныздæхт дыккаг голлагмæ дæр. Уый дæр та йе ’мбисмæ равдæлон кодта. Ныр дзы иу кæй фæуæле, уымæй æгæр баныфсджын, æмæ хæссинæгтæй кæй сис- та, уыдон æнæбæстытæй æркалдта бæласы рæбын. Æрдæг гол- лаг йе уæхскмæ сæппæрста, фæлæ йæ æгæр сриуыгъта, уаргъы уæзæй фæцудыдта, къахæй скъуырдта митыл æвæрд хæссинæгтæ, æмæ уыдон дæр алырдæмты асхъиудтой. Фыдызгъæлы уæнгтæ æмæ цыдæр тыхтæттæ дард нæ ахаудысты, миты æрсагъдысты, фæлæ цыхтытæй иу, се ’ппæты стырдæр, йæ уæз ахаста æмæ уырдыджы бынмæ фæтулæг. Лæппу йæ фæстæ кæсгæйæ баззад. Фырмæстæй йæ хурхы сæртæ ахгæдтой. — Æнæрай уæ скæнæд уæ хицау, — йæ цæстытæ доны азыл- дысты, йæ зæрдæ сæ фæцъæх æмæ сыл йæ къух ауыгъта, йæ уаргъ нал æрæвæрдта. — Кæд сæфой, уæд бынсæфт фæуæнт, — загъта æмæ схæрд кодта. Иннæтæ кæй ныппырх сты, уый йын уæддæр йæ зæрдæ балхъывта æмæ йæ къæхтæ мæсты ист кæны. Уыцы цыхты фæстæ ныццæуа æви йæ ныхъуытгы уадза, ууыл хъуы- дыгæнгæ йæ развæндаг дæр рæстмæ нал æвзары, афтæмæй тырны размæ, уæлбылмæ. Бирæ йæ нал хъуыди, афтæ йæ къæхтæ æмбырд фæкодтой, размæ митыл бахауд. Йæ къухтæй голладжы ком фе- уæгьд æмæ йæ фæстæ митыл йæ тьæпп фæцыд.. Фæгæпп кодта, фæлæбурдта йæ уаргъмæ. Хорз уыд, æмæ голлаг йæ комырдæм ныссагъд миты, æндæр та уыдон дæр ныппырх уыдаиккой. Сфæлмæцыд йæ уæргътæй Мурæт. Афтæ сæ бафæлмæцыд æмæ йæ бафæндыд, се ’ппæты дæр ныппырх кæна, ам сæ фæнда- гæй дæлæмæ арæцугъа æмæ сæхимæ бафардæг уа. Уыдæттæ йын йæ мæсты зонд дзырдта, фæлæ сæ пырх нæ ныккодта. Голлаг та йе ’ккой баппæрста æмæ йæ схаста уæлбылмæ. Уым та йæ равдæ- лон кодта æмæ афтид голлагимæ араст йæ хæлæттаг хæссинæг- тæм. Иугай сæ фæуыгъта, сæ миттæ сын фæцагъта æмæ сæ ны- вæрдта голладжы. Ныр хъуыды кæны: ныццæуа æви ма ныццæуа уыцы цыхты фæдыл? Ацы уырдыджы ма астæумæ миты дыу- уæрдæм куы фæрацу-бацу кæна, уæд бынтондæр рафтдзæн. Уыдæттæ бæргæ хаты, фæлæ уæддæр йæ зæрдæ нæ фæлæууыд, ацыд цыхты фæд-фæд. Фæд æй дзæвгар-дзæвгар ныссайдта йæ 373
фæстæ, стæй бæлæсты рæбын миты æрбайсæфт. Лæппу уым мит ракъахта æмæ дзы кусарты фæлмбадт цæстау разынд бур-бурид цыхты гуымбыл. — Ныр цы гуырриццытæй хъазыс? — сбустæ йыл кодта хъæ- рæй æмæ йæ рахаста йæ дæларм. Фæстæмæ йын хæрды зындæр цæуæн уыд, суанг йæ уæрджытæм ныгъуылд миты, митæй байд- заг сты йæ резинæ цырыхъхъыты хъустæ дæр, фæлæ уæддæр слæгæрста. Цыхт голладжы ныппæрста, йæ уаргъ йе ’ккоймæ систа. Улæфгæ дæр нал акодта. Фæстаг цыд ма йын баззад æмæ тагъд кæны. «Фæстаг цæфæн фиддон нæй», — ныфсы ныхæстæ дзуры йæ- хицæн. Уæлбылмæ уал куы схизид, уæд та дарддæр истытæ кæ- нид. Фæлæ иучысыл куы суад, уæд ыл æртæфст, бамбæрста, аулæфын æй кæй хъуыд: йæ уæрджытæ йæ быны ныддонзоныг сты. «Фæстаг цæфæн фиддон нæй», — ныфсытæ æвæры йæхи- цæн, æмæ тырны уæлæмæ. Æппынфæстаг куы фæуæлбыл, уæд æхсызгонæй сулæфыд, æмæ фæуæлахизуæвæджы кастæй нык- каст дæлвæндагмæ йæ тулæн фæдтæм: уым мит афтæ ссæст уыд, цыма дзы æрсытæ фæратул-батул кодтой. Голладжы та йæ хæссинæгтæ нывæрдта, фыццаг куыд уыдыс- ты, афтæ, дыууæ голладжы кæрæдзиуыл бахъил кодта æмæ æрбадти митыл. Йæ хидвæздæг куыд калд, уый æнцонæй æвзæр- ста йæ цæст. Иучысыл куы абадт, уæд æм уазал хъарын райдыдта æмæ йыл æртæфсти, бамбæрста, бытондæр кæй ныххуылыдз. Ныххуы- лыдз мит æмæ. хидæй. Йæ резинæ цырыхъхъыты хъустæ дæр баст нæ уыдысты æмæ митæй байдзаг сты; цæмæй зыдта, йæ уæргътæ фæндагыл мæкъуылтау тулдзысты, æндæра уыдон ба- бæттын дæр та зын уыди. Раласта йæ цырыхъхъытæ. Сæ миттæ сын ныццагъта. Йæ къах- тухæнтæ дæр ныххуылыдз сты. Цъындатæ йыл дыууæйы фæ- лыст уыди æмæ æддæгтæ суымæл сты. Рахъавыд, уæргътимæ цы цъындатæ ис, уыдонæй иуы фæлыст скæна, йæ къахтухæнтæ ма- уал стуха, фæлæ уый дæр йæ сæрмæ не ’рхаста — æрвитæггæгты куыд бакъаддæртæ кæна? Йæ бæмбæгджын къандзолæн йæ дыстæ æмæ йæ фæдджитæ цы схуылыдз сты, æндæр мидæгæй сур уыд. Фæлæ лæппу ха- тыд, мидæгæй йæ майкæ хидæй хуылыдз кæй у. Уый куы рала- сид, уæд иннæтæ бæргæ сур сты, фæлæ йæ ныфс нæ бахаста — хидæйдзагæй йæ уазал куы ныццæва. Йæ хæлафы фадгуыты ми- дæггаг фæрстæ, æвæццæгæн, цæугæ-цæуын кæрæдзиуыл хафта, æмæ уыдон дæр суанг йæ сагæхты онг хуылыдз уыдысты. Лæппуйæн та йæ уавæрæй йæ зæрдæ бамæгуырхуыз. «Г^еныр куыд уынгæджы фæдæн, — мæт кæны йæхимидæг, — дарддæр цы аразон?» Æххуысагур йæ цæстæнгас хæссы йæ алыварс. Дæлæ комы рæбын, иуварсырдæм йæхи нылхъивгæ, Пацъайы 374
дон йæ гуыбыны цъарыл фæлæсы кæдæмдæр æнæсымæй, цыма калм у æмæ йæ амæттагмæ хъавы. Фæндагыл йæ бæх хæлиувадæй лæууы æмæ йæ сæр ныхъ- хъил кодта, йæ сæр мæстæймарæгау тилы. Æндæр никуы ничи. Уый та хъæуы удæгас змæлæг, ныфсы змæлæг — йæ уæргътæ исынæн ын чи аххуыс кæна. Æввæхсты та ахæм змæлæгæн йæ кой йæ хъæр дæр нæй. Хъуыды кæны Мурæт æмæ ницы сæрфат ары йæ уæргътæ бæхы рагъмæ сæппарынæн. Ныр æй фæстæмæ хъæумæ здæхын кæй бахъæудзæн, уый йын йæ зæрдæ æвдæрзы. Йæ сæрмæ нæ хæссы — хъæумæ æгадæй баздæха. Хъæуæй Уастырджийы хуы- зæн барæгæй рацыд, ныфсджынæй, æхсарджынæй æмæ сæм ныр фæстæмæ хъуамæ æгадæй баздæха, сæркъулæй сын зæгъа: мæ уæргътæ фæндагыл ахаудысты, æмæ мæм сæ сисынмæ фæкæсут. Йе ’мцахъхъæнтæ йыл сæхи худæгæй схæсдзысты. Зæгъдзысты йын: галæй ацыдтæ æмæ хъугæй æрбаздæхтæ. Æмæ уыдæттæ йæ сæрмæ куыд хъуамæ бахæсса? Йæ уæргътæ бæхы рагъмæ сæппа- рынхъом чи нæ у, уымæй цæй ныфсы лæг ис? Уый цæй разагъды хъуыддæгтæ хъуамæ сараза йæ комбæстæн! Уыцы хъуыдытæ дæлдзиныг кæнынц Мурæты æмæ мæсты кæны йе ’фсымæрмæ. «Ай диссаг нæу, — бустæ йыл кæны йæхинымæр, — дæ усы фарсмæ хъармы бадынæй дарддæр мацы зон, дæ усы къабайы бын бабыр. Цыма æз не сбадин мæ усы фарсмæ хъармы». Зоны йæ, йе ’фсымæр хъæбатыр лæппу кæй у, фæлæ ныр- тæккæ йе ’фсымæры тыххæй ахæм фыдæбæтты кæй ныххауд, уымæй йæхи йе ’фсымæрæй бæрзонддæр бынаты æвæры æмæ йыл нал ауæрды бустæ кæнынæй йæхинымæр. Ныр йæхи йе ’фсы- мæрæй лæгдæр хаты: йе ’фсымæр хъæбатыр лæппу у, фæлæ ма ахæм лæппуйæ ноджы хъæбатырдæр чи у, уый æгæрон хъару дызæрдыггаг макæмæн хъуамæ уа. Æмæ ахæм та йæхæдæг у Му- рæт. Уыцы хъуыды дзы уадзы ныфс, æппæтхъом ныфс æмæ та йе уæнгты банкъардта æгæрон хъару. Фæлæ йе уæнгты уæддæр уый бæрц хъару нæй æмæ ацы æнæ- райы уæргътæ бæхы рагъмæ сæппара... Уæдæ цы чындæуа? Хъуыды кæны Мурæт, цы бакæна, ууыл. Цы сараза, цæмæй хъæубæсты раз йæхи ма фæхудинаг кæна? Худинаг нæ, фæлæ йæхæдæг йæхицæй цæмæй ныббуц уа, æппæтхъом кæй у, ууыл цæмæй баууæнда, ахæм исты саразын æй фæнды ныртæккæ. Уымæн та фæрæз нæ ары. Цыфæнды хъуыддаджы дæр исты амал ссарæн кæй ис æмæ зындзинæдты амал арын та æхсарджын лæджы хъуыддаг кæй у, уыдæттæ куыд нæ зоны. Зоны уыдæттæ. Æхсарджын лæппу кæй у, ууыл дæр æууæнды æмæ йæ уырны: исты мадзал ссардзæн. Хъæумæ æххуысагур баздæхыныл хъуы- ды дæр нал кæны. 375
Æмæ ссардта фæрæз. «Уæргътæ уал ам ныууадздзынæн, — цин кæны йе ’рхъуы-' дыйыл, — бæхыл машинæвæндагмæ ныууайон æмæ уым исчитæ автобусмæ æнхъæлмæ кæсдзæни: Чъребамæ кæнæ Къуайсамæ чи цæуа, ахæм адæймæгтæ. Кæд дзы исчи хорз зонгæ уа, уæд уымæн зæгъдзынæн æмæ йæ мемæ ракæндзынæн. Бæхыл æй сбадын кæндзынæн, кæд нæ фæзивæг кæнид». Йе ’рхъуыдыйыл æй дзæбæх бацин кæныны бон дæр нæма фæци, афтæ йæ зæрдæмæ нал фæцыд уыцы фæнд. «Фæлæ зонгæ уæддæр зонгæ у, — нырхæндæг ногæй, — æмæ йæ æнæмæнгæй искæмæн радзурдзæнис, нæ хъæуккæгтæй йæ искæмæн радзурдзæн, æмæ уæд бынтон ныххудинаг уыдзынæн нæ хъæубæсты раз. Зæгъдзысты: æцæгæлæтты цæсты нæ Му- рæт ныффидиссаг кодта. Стæй дзы, чи зоны, зонгæ дæр ничи уа. Чи мæ зоны уыцы хъæуы?» Ногæй та ныхъхъуыды кодта. Хин хъуыды февзæрд йæ сæры. Æрымысыд, æхсарджын лæг алы хатт йæ хъаруйæ æхсарджын кæй нæ вæййы, йæ хъару йæ кæм нæ фæамоны, уым зондæй дæр кæй спайда кæны. «Æмæ дзы мачи уæд зонгæ. Уый та ноджы хуыздæр, — рай- зæрдæйы фæндтæ кæны йæхицæн, — æнæзонгæтæ дзы уæддæр уыдзысты. Чи фæнды уæд, радзурдзынæн ын мæ хабар æмæ мæм куыд нæ фæкæсдзæн, куыд нæ мын баххуыс кæндзæн? Чи дæн, уымæй мæ куы фæрса, уæд мæхи не схъæр кæндзынæн, æндæр исчи рахондзынæн мæхи. Зæгъдзынæн ын, зæгъын, Мер- къозты цæуæтæй дæн. Мæ уæргътæ сæвæрынæн мын баххуыс кæндзæн, стæй ацæуæд æмæ йæ кæмæнфæнды дæр дзурæд, мæнмæ дзы худинаг ницы æрхаудзæн. Искæй худинаг кæнын дæр хорз нæу, фæлæ дзы Меркъозты уæттæм дæр худинагæй цы æрхау- дзæн — йæ уæргътæ дзы никуы никæмæн ахаудтой. Куы ницæ- мæй ныххудинаг уай, уæд та дыл худинаггаджы ном никуы сбад- дзæни. Æмæ не ’ппæт дæр æвыд уыдзыстæм худинаджы номæй». Уыцы фæнд йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ фæгæпп кодта. Гол- джыты цур мит ракъахта, уæрмгонд дзы сарæзта æмæ голджыты уым æрфæрсыл кодта. Бамбæрзта сæ митæй. «Лæгмæ йæ тыхсты рæстæджы ничи фæзыны, æндæра фыдбы- лызы фæндаггон уæларвæй дæр æрхаудзæн æмæ дын дæ муртæ æрба- тары кæндзæни. Стæй уæд та нæ хъæуæй исчи æнæнхъæлæджы дæ- лæмæ цæуы, уæд мын мæ уæргътæ ам дзæгъæлы æппæрстæй цæ- мæн хъуамæ фена?» — загъта йæхицæн æмæ йæ бæхыл абадт. Уæлбæхæй йæ цæст ахаста йæ тулæнвæдтыл æмæ йæ зæрдæ бамæгуырхуыз: цыма дзы æнæхъæн комы куыйтæ дысон-бонмæ сæ кæрæдзи хъуынхъис тыдтой, ахæм хуыз ын уыд. Чи фæнды ма рацæуа ауылты, æнæмæнгæй дызæрдыггæнгæ бирæ фæкæс- дзæн ацы митзмæстмæ æмæ дзы цы хабар æрцыд, уымæн уæд- дæр ницы бамбардзæн, æрмæст ын йæ уæргътæ миты бын ма ссарæд, æндæр. Уæргътæ та миты бынæй нæ зынынц. 376
— Цæй, цы уа, уый уæд, — йæ къух ауыгъта лæппу æмæ йæ бæхы басхуыста. Бæх иу ран лæууынæй схъыг æмæ рæвдз иста йæ къæхтæ. Иучысыл куы ауадысты, уæд та лæппуйы зæрдæ бангæстæ, уæл- бæхæй йæхимæ фæкасти аргъæутты хъæбатыры хуызæн æмæ уымæй йæ тых фæдывæр. Баныфсджын чысыл Мурæт æмæ тырны размæ, фæнды йæ исты хуызты йæ фæндаг æрцыбыртæ кæнын. Фæндагыл та тындзгæ куы нæ цæуай, уæд йæхигъæдæй не ’рцыбыртæ уыдзæн, æмæ басхойы йæ бæхы. Бæх дæр йæхиуыл нæ ауæрды, лæгæрды митвæндагыл, йæ рохтæ ивазы размæ, ахъавы сæпп-дугъмæ дæр, фæлæ йын Мурæт уыцы бар нал ратты — фаг ын у иу рæдыд. Фæндаг, митвæндаг, æртхъирæнтæгæнгæ сысты лæппуйы раз, мит æртхъирæнгæнгæ кæсы комы фæхстæй дæр, æмæ лæппу хъуы- ды кæны, мит канд мит кæй нæу, фæлæ ма тыхджын дæр кæй у. Ныронг зыдта, мит уазал кæй у, зынкалæн, зынæзмæлæн, фæлæ тыхджын кæй у, уый ныронг никуы рахатыдта. «Фæлæ цæмæй тыхджын у, — хъуыды кæны лæппу, — митæй дарддæр куы ницы у». Тæргæ бæхыл тырны размæ Мурæт æмæ хъуыды кæны, мит цæмæй тыхджын у, ууыл. Йæ тых цæй мидæг ис, уый йæ зонд нæ ахсы, фæлæ тынг хорз зоны иу хъуыддаг: ныртæккæ йæ цуры йе ’фсымæр, йæ фыд æмæ сæ хъæуы лæппутæ куы уаиккой, уæд мит тыхджын кæй у, ууыл хъуыды дæр нæ акæнид, æмæ йын йæ тых мурмæ дæр нæ дарид. Фæлæ уыдон ныртæккæ йæ цуры не сты æмæ йæм мит уымæн тыхджын кæсы æмæ ма, зæгъгæ, Му- рæтæн ацы тæккæ йæ бæх йемæ нæй, иунæгæй аззад ацы митхаст фæндæгтыл, æцæг тыхджынæй гъеуæд равдисид йæхи ацы уазал æмæ æнæуд мит, алырдыгæй æртыхсид йæ иунæг къоппайыл æмæ йæ ныххуыдуг кæнид йæ быны. Уыцы хъуыдытæ хъыг фæкастысты Мурæтмæ. — Багъæц, уæдæ, — æртхъирæнгæнгæ йæ цæст хæссы митæ- вæрдтыл, — мæнæ уал зæххы бынты фæндæгтæ саразон, кæддæ- ра ма мын уæд та цы хъом уаис!.. Раройы æдзæрæг хъæууат дæр фæсте аззад, æмæ Мурæт бæхы рохтæ æрбалвæста. Бæх йæ къахайст фæсындæгдæр кодта. Ма- шинæвæндагмæ бирæ бауайын нал хъæуы, æмæ нал тагъд кæны. Уым æй æнæзонгæтимæ дзурын кæй хъæудзæн, æнæзонгæтæй æххуыс кæй курдзæн, уый йæм сæрныллæг ми кæсы æмæ уымæй мигъ бады йе уæны. Уый йæм æхсарджын лæджы хъуыддаг нæ кæсы æмæ йæхимидæг æвзары, æнæзонгæтæн куыд хуыздæр бам- барын кæндзæн йæ уавæр, уыдæттæ. Фистæг бæлццæтты надвæндаг йæхи æлвасы фæндаджы рæ- бынтæм. Фæндаг кæддæр трактортæй фæцарæзтой æмæ йæ уæл- лаг фарс сисамадау ахаста: кæм ныллæгдæр, кæм бæрзонддæр. Ранæй-рæтты — цалдæр метры бæрзæндæн. Уыцы къулвахс афтæ æмраст лыг у æмæ йыл ранæй-рæтты мит не ’рлæууыд, митæй- 377
хаст зæххыл уыцы дурвæхстæ сæхи æргом кæнынц зæххы хуыз- тæй, æмæ сæ уынд ныфс уадзы Мурæты зæрдæйы. «Фæндагыл лæг хъæуы, — хъуыды кæны йæхинымæр, — алы гыццыл къуыхцыйы тыххæй йæ фындз чи æруадзы, ахæмты хъуа- мæ фæндагыл цæуын дæр ма уадзиккой. Уыдон лæджы ном ху- динаггæнджытæ сты». Афтæ хъуыды кæны Мурæт. Баразæнгард гомгæрцц зæххы гæппæлты уындæй, басхойы йæ бæхы фæрстæ — тагъд кæны йæ фæндаг æрцыбыртæ кæныныл. Машинæвæндагыл æцæгæйдæр лæууыд дыууæ лæджы. Му- рæт фæзилæны æрхызт саргьæй, бæхы йæ фæстæ идадзæй ласгæ бацыд лæгты цурмæ. Лæгтæй иуыл æгæр хицауы бæрджытæ зынд: хæрзконд уыди, кæсæнцæстытæ йыл, йæ къухы — æрттиваг пъартфел. «Гъе-ри-гъа, — ахъуыды кодта Мурæт, — ай цыдæр хицау лæг у æмæ дын мæ уæргътæ æвæрынмæ куыд нæ фæцæуæг уыдзæн!» Иннæ хъæууон лæджы хуызæн уыд. Йæ уæлæ бæмбæджджын къандзол æмæ резинæ цырыхъхъытæ. «Æвæццæгæн æм ацы лæг уазæгуаты æрбацыд, — æвзары сын сæ хъуыддæгтæ Мурæт йæхинымæр, — æмæ йæ ныр автобусмæ рахизын кодта. Искуы автобус куы фæзынид, уæд ацы пъартфел- джын ахъуыггы уаид, æмæ иннæмæн мæ хабар бамбарын кæнин». Нæ фæнды Мурæты ацы пъартфелджыны цур йæ хъуыдда- гыл дзурын æмæ æнхъæлмæ кæсы, кæд ахъуытты уыдзæн, уымæ. Лæгтæ фæхатыдтой, лæппу сæ цæстæнгасæй æгæр кæй бæрджытæ кæны, æмæ йæм, хъæууон дарæсы чи уыд, уый раздæхт. — Лæппыз, — сдзырдта йæм хъазгæмхасæн, — ды дæр авто- бусмæ æнхъæлмæ кæсыс? Мурæт цы зæгъа, уый нæ зыдта æмæ фæтыхст. — Гъо... — банкъуыста йæ сæр. — Æмæ æд бæх сбаддзынæ автобусы? — худтис ыл, хъæууо- ны хуыз кæмæн уыд, уыцы лæг. Мурæт фæсæтдзæ. Хъыг ын уыдысты йæ ныхæстæ, йе ’рфгуы- тæ фелхынцъ кодта æмæ ницы сдзырдта. — Æвæццæгæн, Чеселтæй æрцыдтæ? — бафарста йæ пъарт- фелджын. — Гъо... — загъта йын Мурæт. — Ныр ай хъæбатыр лæппу нæу? — загъта иннæ лæгæн, — ай хуызæн фæндагыл иунæгæй та йæ ныфс куыд рахаста. Пъартфелджын лæджы хъæлæсы уаг æхсызгонæй æмбæлд зæрдæйыл æмæ йæм Мурæт æвиппайды, æнæнхъæлæджы хионы зæрдæ бадардта. — Æмæ бæхыл куы дæ, уæд афтæ тынг кæм ныххуылыдз дæ? — фарста йæ иннæ лæг. — Дæ сагæхтæ иууыл хуылыдз куы сты. Ныр пъартфелджын лæгмæ йæ зæрдæ æрфæлмæнтæ, фæлæ иннæйы ныхæстæм та мæсты кодта æмæ ницы сдзырдта. 378
— Æвæццæгæн, фæндагыл нæ уæндыдтæ æмæ фыртæссæй дæ бын ахуылыдз, — джидзæггаг ныхæстæ кодта уый. Уыцы æнæхсæст лæджы ныхæстæм амæсты Мурæт, æнæуынон ын фестад, фыдæхы цæстытæ йæм базылдта. Рахъавыд, исты дæр- зæг ныхæстæ йын зæгъа, фæлæ пъартфелджынæй фæаргьуц кодта. — Ахæм хуыз ын нæй, — загъта пъартфелджын, — ахæм лæп- путæ хъæбатыр гуырдтæ вæййынц. Ныр Мурæт знаджы цæстæй ракаст, хъæууон дарæсы чи уыд, уымæ. Автобусы фæзындмæ нал æнхъæлмæ каст. Автобус æрæгмæ куы фæзынд, уæд ацы æнæхсæст лæг йæ уазæджы цур лæууы- нæй сфæлмæцид, сæхимæ ахъуытты уаид, æмæ Мурæт йæ сæр бакъул кæнид ацы пъартфелджын лæгмæ. Уый йæм æнæмæнгæй кæй фæкæсдзæн, ууыл гуырысхо нал кæны — хорз лæджы хуы- зæн у. Стæй ардыгон нæу æмæ йын йæхи куы бацамона, уæддæр æй никæй раз ныххудинаг кæндзæн: æцæгæлон лæг кæмæн хъуа- мæ радзура, йæ уæргътæ кæй фæтылдысты, уый? Стæй йæ куы радзура, уæддæр — æцæгæлæттæн. Æцæгæлæттæ та Мурæты нæ зонынц. Афтæ бæргæ хорз уаид, нæдæр æй гæдыныхæстæ дзу- рыны сæр бахъæудзæн, нæдæр йæ зонгæты цæсты ныххудинаг уыдзæн, фæлæ хъæууон дарæсы чи ис, уый цæвæджы хъæдау йæ цуры схъил æмæ йын хъæдзармæ аккуырсын нал æнтысы. — Чеселтæй ардæм ам лæууынмæ æрцыдтæ? — фæрсы та йæ уыцы æнæхсæст лæг. Мурæты нæ фæнды тызмæг ныхас кæнын: йæ уæргътæ æвæ- рынмæ йæм адонæй исчи æнæмæнгæй кæй хъуамæ фæкæса, уый йæ зæрдыл дары, фæлæ йæ ацы лæг æгæр æгады бынаты æвæры, æгæр æй дæлдзиныг кæны йæ рæгьузæн ныхæстæй æмæ йæм уый æгæр сæрныллæг ми фæкаст, нал ын ныббарста: — Æмæ ам лæууынæн æхца фидын хъæуы? — бакаст æм тыз- мæг цæстытæй. — Ха-ха-ха, — ныххудтис ын уый йæ ныхæстыл, — мæнæ куыд æнæрцæф у. Йæ худт дæр нæ фæцыд йæ зæрдæмæ. «Ахæм худтæй æрмæстдæр æлгъаг адæймæгтæ фæхудынц», — йæхимидæг аскъуыддзаг кодта лæппу æмæ йæм фыдæхы цæс- тытæ базылдта. — Ныууадз-ма лæппуйы, — бауайдзæф ын кодта пъартфел- джын, — цы дзы дæ ныхтæ ныссагътай? Афонмæ дын иу галиу гуырд дæ мадæн ахъаззæгтæ ныссидтаид. — Æвæццæгæн æй хæдзарæй магазинмæ рарвыстой, уый та ам бонасадæн кæны, — бирæзонæг хъæлæсы уагæй загъта иннæ. — Магазинмæ æрцыдтæ? — бафарста йæ пъартфелджын. Лæппуйыл æртæфст: ацы æнæхсæст лæджы цур искæмæ æххуысагур йæ сæр кæй нæ бакъул кæндзæн, ахæм лæг ын йæ хабар куы базона, уæд æй æнæхъæн Къуыдары кæмтты ныффи- диссаг кæндзæн. Нæ, фæлтау сæхимæ баздæхдзæн æмæ сæхи хъæуæй искæй ракæндзæни. 379
— Гъо, — загъта пъартфелджынæн, — магазины мæ хъуыддаг ис. — Æмæ уæдæ ам цы лæзæрыс? — бафарста йæ иннæ. Лæппуйæн фырмæстæй йæ хурхы уадындзтæ арæсыдысты. Ныр æй æнæмæнгæй сæ хъæумæ кæй хъæуы баздæхын, йæ хъæу- бæсты раз кæй фегад уыдзæн, уыцы хъуыды йын йæ зæрдæ сæл- хъывта æмæ йæ бафæндыд: бæхыл абад, уæлбæхæй ацы æнæх- сæст лæджы ехсæй æрцæфтæ кæн, дзæбæх æй снæм, стæй фæс- тæмæ дæ фæд-фæд бафардæг у. Фæлæ ма цыдæр æнхъæлцау уыд æмæ йæхиуыл ныххæцыд. — Автобусмæ дæр ма кæсын, — æнæнхъæлæджы ссардта æфсон. — Чъребайæ чидæр æрбацæуинаг у æмæ уымæ лæууын. Нæ, абон æппæт дæр уыд Мурæты ныхмæ, абон ыл алцыдæр цыди гадзрахатæй: йæ ныхæстæ кæронмæ дæр нæма загъта, афтæ дæле æрбазынд автобус æмæ чысыл фæстæдæр хъинцгæнгæ, хъыррыстгæнгæ æрлæууыд сæ тæккæ цур. Æрхызт дзы иу сыл- гоймаг æмæ хъæуы ’рдæм фæцæуæг. Дыууæ лæгæй йæ бынатæй ничи фезмæлыд — Къуайсайы ’рдæм цæуæг нæ уыдысты. Автобус йæ бынатæй фезмæлыд хъыррыстгæнгæ, хъинцгæнгæ, æмæ уыцы хус хъыррыст дзæнгæлтæ кодта митхуылыдз дунейы. Йæ хъæрæй сæнкъуыст лæппуйы зæрдæ. Уыцы æнæхсæст лæг та йæ афтæ куы бафæрса, ам ма цæмæ лæууыс, зæгъгæ, уый тасæй лæппу бæхы рагъмæ йæхи сæхста æмæ магазины ’рдæм акодта йæ фæндаг. Магазины йæ ницы хъуыддаг уыд, фæлæ пъартфелджыны раз цæмæй ма фæгæды уыдаид, иннæ лæг та йыл цæмæй йе ’лгъаг худтæй ма бахудтаид, уый тыххæй йæхи нал басаста, ныццыд магазинмæ. Магазин фыл- дæр хæттыты æхгæд вæййы, фæлæ уый дæр ныр гом разынд. Йæ дзыппы æхца уыд, фæстæмæ цæугæйæ йæ фыдæн тамакотæ хъуа- мæ рахастаид. Тамакотæ нæ балхæдта — нырма йæ дзæвгар рацу- бацуйы сæр хъæуы æмæ сæ йæ дзыппыты дыууæрдæм цы ратæр- батæр кæна — райста печениты пачкæ, йæ дзыппы йæ ныссыдта, бæхыл абадт æмæ фæстæмæ раздæхт. Æвзæр адæймæгтæ куыд никуы федта Мурæт, фæлæ йæм дзы арвæй зæххы æхсæн нырма ацы лæгæй цъаммардæр ничи фæ- каст. Æнæнхъæлæджы йын ахæм маст чи скодта, уый æвыдæй ныууадзын лæджы ми нæу, фæлæ йын цы маст скæна? «Нæ, уыцы пъартфелджыны йын йæ цуры куынæуал сæййа- фин, — мæсты кæны лæппу, — уæд ын иу-дыууæ ныхасы зæгъин, цæмæй йæ дзыхыл хæцын зона». Дыууæ лæджы ма уым лæууыдысты — дардæй сæ суыдта. Ацы дзæгъæлдзурæджы афтæ æвыдæй кæй уадзы, ууыл маст- гæнгæ лæппу сæ иувæрсты аскъæрдта, кæсгæ дæр сæм нал фæ- кодта, нал æй бафæндыд уыцы лæджы æнæуынон цæсгом ногæй ауынын æмæ фæзилæны куы фæаууон, уæд йæ бæх фæурæдта, ныхъхъуыды кодта, цы чындæуа, ууыл. Сæ хъæумæ йæ æнæ- мæнгæй баздæхын кæй хъæуы, ныр ууыл нал дывæнд кæны, уый маст æй нал и, фæлæ ацы æнаккаджы тыххæй кæй здæхы сæ 380
хъæумæ, ацы æнаккаджы тыххæй кæй ныххудинаг уыдзæн ныр йæ хъæубæсты раз, ууыл у йæ мæт — афтæ æвыдæй йæ куыд ныууадза? Дæ бафхæрæгæй дæ маст куы нæ райсай, уæд уый цæй лæджы ми у? Фæлæ дзы йæ маст цы хуызы райса? «Нæй, уæлбæхæй йыл ехсæй æрзилын хъæуы!» — йæ маст æхсиды уыцы хъæууон лæгмæ, цы хуызы йын смаст кæна, уый нæ зоны æмæ катæйттæ кæны. Ехсæй йыл бæргæ æрзилид, фæлæ уыцы пъартфелджын æгъдауджын лæджы хуызæн у, æгъдау- джын адæймаджы цур та адæймаг йæхи æнæгъдауæй ма равдиса хъуамæ. «Уыцы лæгæн кув, — йæхимидæг æм æртхъирæнтæ кодта Мурæт, — уый фæрцы уал ирвæзыс. Фæлæ мын кæдæм фæцæу- дзынæ? Мæнæ уал мæ фæндаджы кой бакæнон, стæй мæ дæумæ дæр равдæлдзæни. Нæ дæ ферох кæндзынæн, мæрдты æхсæн дæр дæ базондзынæн æмæ мын уæд сар дæ сæр кæны». Йæхимидæг æртхъирæнтæ кæны æмæ бæх бацагайдта. Уыцы лæгæй йæ маст цы хуызы райса, уымæн ницы сæрфат ары, ницы хорз мадзал æмæ йæхи сраст кæнынæн агуры æфсæнттæ: нырма уал æй фæндаджы кой бакæнын хъæуы. Лæгау лæг фыццаджы- дæр йæ сæйраг хъуыддаг саразы, стæй йæ иннæ хъуыддæгтæм дæр равдæлы. Йæ мидзæрды лыстæггай æвзары уыцы лæджы хуызтæ, цæмæй йæ бахъуыды кæна, ма дзы ферох уа йæ цæсго- мы æвæрд, æмæ йын фадат куы фæуа, уæд ын йе ’фхæрд йæ зæрдыл æрлæууын кæна. «Фæлæуу, хъуынджынхъус, — нæ сысы лæппуйы маст, — æз дын дæ хъуынджын хъустæй хид рауадздзынæн. Ай диссаг нæу, — фырмæстæй нытту кодта уæлбæхæй, — нæ дæ зонын, нæ мæ зоныс æмæ мæ хъуыддæгты дæ фындз цы тъыссыс? Æнæхъуа- джы мæ цæмæн æфхæрыс? Æнæхъуаджы мын цæмæн маст кæ- ныс? Тыхст фæндаггон дæн æмæ мын æххуысы бæсты ноджы цæмæн маст кæныс? Кæд æнæхсæст къабец нæ дæ, уæд дæ цуры чи лæууыд, уый та цæуыннæ фæзмыс? Уый ахуыр лæг куы у æмæ уый йæхи куы никæмæй лæгдæр кæны, уæд ды æвзæр-æвзæр дæхицæй уæлбикъон цы аразыс?» Бæх йæ рохтæ тоны размæ. Æвæццæгæн, йæ бæхы зондæй афтæ хъуыды кæны, ома, ныр нæ дзул лæвæрд фæци æмæ хæ- дзармæ атагъд кæнон, цъæх хосæй мæхи бафсадон. Æмæ фæс- тæмæ кæй здæхынц, уымæй райгонд у, нал ауæрды йæхиуыл. Мурæт та джитæнтæ кæны. Йæ фыд, стæй сæ хъæуы раз дæр кæй ныххудинаг уыдзæн, уыцы хъуыды йæ сæрæй къæхты бынмæ ныууигъы, тæрсы уыцы хъуыдыйæ æмæ адæргæй йæхимидæг йæ маст калы уыцы лæгыл, нал ыл ауæрды æфхæрынæй. Хыл кæны йæхимидæг уыцы лæгимæ æмæ афтæмæй йæхицæн ныфсытæ æвæры. Куы сыстыр уа, уæд уыцы пъартфелджынау ахуыр лæг рацæудзæн, уымæй ноджы ахуырдæр æмæ алкæмæн дæр уыдзæни æххуысы лæг. Тынг стыр лæг куы суа, уæддæр йæ 381
сæрмæ хæсдзæни алкæмæн дæр æххуыс кæнын, никæуыл бьь лысчъилтæ кæндзæн, кæстæртæм уæле бынмæ нæ кæсдзæни, æмæ йæ уыдон дæр уарздзысты... Афтæтæ хъуыды кæны Мурæт. Раройы цæрæнуæттæм æй бирæ нал хъуыд, афтæ йæ цæст æрхаста уæлвæндагыл. Фистæг бæлц- цæтты надвæндаг йæхи æлвасы фæндаджы рæбынтæм. Иу ран фæндаджы къул уыд бæхы рагъы æмвæзæн, уымæй дæр карды карстау — æмраст лыг. Фæз ахаста уæлбыл дæр. Æмæ Мурæт йæ бæх æрурæдта. Ныр йæ уæргътæ ам уæлбыл куы уаиккой, уæд ын сæ бæхы рагъмæ та цы æрбаппарын хъæуы: фæндаджы фахсмæ афтæ æнгом балæудзæн æмæ къулæй бæхы æхсæн къух дæр нал ныгьтьысдзынæ. Ныр йæ уæргътæ ам куы уаиккой, фæндаджы уæлбыл, уæд сæ бæхы рагъмæ тулгæ дæр бакæнид. Фæлæ сæ уæлбылмæ та кæуылты схæсдзынæ? Схизæн дзы нæй — карды карстау æмраст лыг у. Йæ бæх базмæлын кодта Мурæт æмæ цæуы дарддæр. Цæуы æмæ йæ цæст хæссы фæндаджы былтыл. Чысыл куы бауад, уæд федта: уæлбылмæ æрбацæуæн ис, æрбацæуæн æм ис фистæгæй нæ, фæлæ бæхыл дæр. Æмæ та йæ бæх æрурæдта. Мит, урс-урсид мит æртхъирæнгæнгæ кæсы лæппумæ уæлвæн- дагæй. Хъæумæ здæхыны бæсты йæ уæргътæ ардæм куы ’рбахæс- са, уæд та сæ цыппар цыды кæй бахъæудзæн, уый зоны лæппу æмæ йæ уæргътæ ракал-бакалæй йæ зæрдæ фæцъæх. Æрдæбон дæлвæндæгтыл ратул-батулы бæсты, æнæзонгæтæм æххуысагур цæуыны бæсты йæ уæргътæ ардæм куы æрбахастаид, уæд афонмæ æппæт дæр нывыл уаид, йæ уæргътæ дæр бæхы рагъыл уаиккой æмæ йæ, чи зоны, Дзаумæ дæр бирæ ныууайын нал хъæуид. «Нæй, — мæсты кæны лæппу йæхимæ, — æнæсæр митæ акод- тон æмæ рæстæг бынтон дзæгъæлы фесæфтон, ныффæстиат дæн». Уæлбылмæ кæсы, æмæ катæйттæ кæны Мурæт. Ныр уæргътæ ракал-бакал цас фыдæбон у, уый зоны, æмæ сæ йæ зæрдæ фæ- цъæх. Ноджы йæ уæлвæндагæй митæвæрдтæ дæр тæрсын кæ- нынц сæ гуымиры æнгасæй. Цы сараза, ууыл та куы ныхъхъуыды кодта, уæд йæ зæрдыл æрлæууыд, хъæумæ йæ цæуын кæй хъæуы æмæ хъæумæ куы баздæха, уæд йæ хъæубæсты раз кæй ныххудинаг уыдзæн. Худи- наджы коймæ фестъæлфыд йæ зæрдæ, æгады тас ын ныфс ба- уагъта йæ уæнгты. Бæхæй æргæпп кодта, бæх фæндагыл фæ- уагъта æмæ слæгæрста уæлбылмæ. Куыд æнхъæл уыд, уымæй бирæ æнцонвадатдæр уыд уæл- былмæ цæуын. Йæ уæргътæ кæм æрæвæрдзæн, уым мит йæ къæх- ты бын æрнадта æмæ ныккасти бынмæ. Нæ, ардыгæй сæ бæхы рагъмæ чысыл сывæллон дæр батулдзæн. Ардæм уал æрбаирвæ- зæнт, æндæр ныр йæ фыдæбон нал фæцъæмæл уыдзæни. Фæндагæй ма уæлбылмæ цалдæр хатты слæгæрста. Ныр йæ уæргътæ йæхæдæг иунæгæй æнæмæнг кæй сæвæрдзæн, уымæй æгæр бахъæбатырхуыз æмæ-иу мит арфдæр кæмыты уыд, уымы- 382
ты-иу ыл уæлгоммæ бафæлдæхт, æрнадта-иу æй йæ чъылдымæй. Йæ надвæндагæй йæ зæрдæ куы барухс, уæд æрхызти фæндагмæ. Бæфæллади Мурæт. Хæстулæфтгæнгæ йæ миттæ цæгъдынмæ куы багуыбыр, уæд та фæхъуыды кодта: йæ резинæ цырыхъхъы- ты хъустæ нæ бабаста æмæ митæй байдзаг сты. Йæ бæмбæдж- джын къандзол раласта, митыл æй æрытыдта æмæ йыл æрбадт. Раласта йæ цырыхъхъытæ, сæ миттæ сын ныццагъта, стæй сæ фæстæмæ скодта. Йæ хæлаф бынтондæр ныххуылыдз. Ныххуы- лыдз йæ мидæггаг хæлаф дæр, æндæгъди йæ буарыл. Йæ хуылыдз майкæ дæр æндæгъд йæ фæсонтыл уазалæй, цыма йæ буарæй йæ дарæсы астæу сæтамæст змæлы, афтæ сæ хатыдта лæппу. Йæ къандзол йæ уæлæ æрæппæрста, йæ худ фелвæста, æрцагъта дзы йæ миттæ талф-тулфæй æмæ бæхыл абадт. Æрхъуыдыджын æмæ амалджын кæй у, уыцы хъуыды йæ циныл æфтыдта æмæ та йæ бауырныдта, æппæтхъом кæй у, уый. — А, Зыгъар, — райзæрдæ басхуыста йæ бæхы, — ныртæккæ фервæздзыстæм нæ низæй. ...Цыппар цыдæн æрбахаста Мурæт йæ уæргътæ уæлбылмæ. Ныр сыл афтæ тынг нал бафæллад. Уый размæ йын дæлбылмæ куы атылдысты, уæд сæ цалдæр метрæй фылдæр нæ хъуыди схæс- ’сын, фæлæ сæ уæд æккойæ хаста, стæй — æмхæрд. Ныр ын сæ кæд дыууæ километры бæрц хъуыди хæссын, уæддæр æккойæ нал, бæхыл: голладжы рæстæмбис-иу баппæрста саргъмæ, йæхæ- дæг дæр-иу бабадт бæхыл æмæ комкоммæ дæр — йæ равзæрст бынатмæ, тæккæдæр уæлбылмæ. Йæ хæссинæгтæ иууылдæр куы æрбаппæрста уæлбылмæ, уæд сæ голджыты, фыццаг куыд уыдысты, афтæ нывæрдта, æмæ сæ уаргъбаст бакодта, баласта сæ тæккæ былгæронмæ. Хъуыди ма сæ бæхы рагъмæ баппарын. Сихорафонмæ æввахс у. Бынтондæр ныффæстиат æмæ йæ фæнды тагъд кæнын, фæлæ райсомæй йæ уæргътæ куыд фæивгъ- уыдтой æмæ уырдыджы куыд атылдысты, уый дзы рох нæу: талф-тулф митæй нал архайы, митыл æрбадт æмæ чысыл аулæ- фыд. Йæ хид куы æрысыст, уазал æм куы бахъардта, уæд сыс- тад, йæ къандзол раласта æмæ йæ митыл æрæппæрста — уæргътæ æвæргæ-æвæрын æй хъыгдардзæн. Бæх фæндагмæ нылласта, ба- урæдта йæ тæккæ уæргъты бынмæ. Бæх фæндаджы къулмæ афтæ æввахс балæууыд, æмæ афтæ зынд, цыма йыл æнцой бакодта. Бæхы рагъ зына-нæзына ныллæгдæр уыди уæлбылы æмвæзæй. — Афтæ лæуу, Зыгъар, — ныффæдзæхста бæхы, лæгъстиа- джы лæгьзытæ йæ æркодта æмæ та ссыди уæлвæндагмæ. Уæргъты уæлхъус æрлæууыд, арабар-бабар сæ кодта алыр- дæмты, æмæ йыл æртæфсти: афтæмæй сæ ницы хуызы бавæр- дзæн бæхы рагъмæ, ничердыгæй сæм арæхсы — бæхы рагъ дæр æгæр дæлиау у. Йæ зонгуытыл æрлæууыд, саргъ тæккæ былгæ- роны цур уыди, фæлæ ма йыл уæддæр æрбахæцыд. — Афтæ лæуу, Зыгъар, — ныффæдзæхста ногæй бæхы æмæ 383
голджытæй иуыл рахæцыд, сындæггай йæ былæй саргъмæ æр- уагъта. Голладжы бын саргъыл куы æрынцад, æрмæст уæд фæ- фиппайдта, бæхы чысыл æддæдæр æруромын кæй хъуыд: гол- джытæй иу бæхæй фахсы æхсæн куы нæ ныццæуа, уæд сæ куыд хъуамæ сæвæра? Смæсты йæхимæ. Фырмæстæй йæ цæстытæ доны разылдыс- ты. Хатыд: голджытæ ма иучысыл куы фезмæлой, уæд сæ уæз ’ ахæсдзысты, саргъы сæрты иннæ фарсмæ ахаудзысты æмæ сæ тъæпп фæндагыл фæцæудзæн. Сæ тъæпп фæндагыл фæцæудзæн æмæ та сæ стæй ногæй уæлвæндагмæ æнгьух, ногæй та сæ ракал- бакал кæн. Æвæстиатæй ныццæуын хъуыд бынмæ, фæндагмæ. Фæлæ тар- сти: бæх куы фезмæла, уæд голджытæ дæр базмæлдзысты. — Зыгъар, дæ низтæ, — ныллæгъстæ та кодта йæ бæхæн, — афтæ лæуу, ма фезмæл дæ бынатæй. Бæхы сæр æрлæгъзытæ кодта æмæ йæ къæхтыл слæууыд. Надвæндагыл ныццæуын дардыл хъуыддæгтæ сты: фæндаджы былыл къухæй фенцойгæнгæ бынмæ ныггæпп кодта. Бæх нæ базмæлыд, æмæ йæ зæрдæ барухс. Бæхы фаллаг фарсмæ 6а- цыд, сындæггай голлагыл рахæцыд. Голлаг æмбисы онг куы æрба- ласта саргъмæ, уæд та дарддæр цы араза, уымæн ницыуал зыд- та: бæх фæрсырдæм кæм ракъахдзæфтæ кæндзæн? Чысыл æддæ- дæр куы нæ алæууа, уæд та сын афтæмæй цæй æвæрæн ис? — Цы уа, уый уæд! — смæсты лæппу æмæ та ранцад голлагыл. Голджытæ базмæлыдысты, æрхаудтой æмæ сæ кæмтты баст æрын- цад тæккæдæр саргъыл: сæ иу ныр саргъæн ардыгæй фарс уыд, иннæ йæ комбастыл хъен лæууыд саргъы уæлæ. Лæппу йæ гуы- рæй бабыцæу ардыггаг голлагмæ, иннæ голлагмæ бабыцæу кодта рахиз къух, цæмæй ма рахъил уа æмæ йæ уæгъд къухæй рахæцыд бæхы идоныл. Бæх базмæлыд æмæ зулаив ракъахдзæф кодта. Ныр уæллаг голлаг хъен нал лæууыд, фæлæ саргъæй къулвахсы æхсæн æрфæрсыл, рахъилæй тас ын нал уыд. Лæппу бæхы хъуыры бынты бауад иннæ фарсмæ, дыууæ къухæй ныххæцыд голлагыл æмæ риуглгуыдырæй анцад бæхыл. Бæх та зулаив иу къахдзæф акодта: голлаг дæр фæбырыд, йæ тьупп фæцыд бæхы фарсыл. Лæппуйæн йæхи дæр нæ бауырныдта, ныр уæргътæ бæхы ра- гъыл кæй сты æмæ ма иу дзæвгар голлагыл фидар хæцыд йæ дыууæ къухæй. Фæлæ йæ æппынфæстаг куы бауырныдта, ныр йæ уæргътæ сæ бынатмæ сирвæзтысты æмæ сын хауынæй тас нал у, уый, уæд йæ риуыдзаг сулæфыд, суагъта голлаг. Фырцинæй йæ цæстытæ донæй айдзаг сты. Йæ къухтæ йæ фæрстыл æрхаудтой, афтæмæй бирæ, тынг бирæ фæкасти йæ уæргътæм æмæ дис кодта: абондæргъы адон сæппарынæн ницы фæрæзта? Йæ уæнгты уый бæрц хъару кæмæн ис, уымæн адон сæппарын цы у? Касти сæм æмæ сæм кæсынæй нал æфсæст. Ныр та йæ бауыр- ныдта, æппæтхъом кæй у, цыфæнды зындзинæдты дæр исты амал 384
кæй ссардзæн æмæ йæ сæрмæ худинаг кæй никуы æрхæсдзæн. Касти сæм, цин кодта йæ сæрæндзинадыл æмæ йæхимидæг фæл- вæрдта, ахæм сгуыхтдзинад ма кæд чи сарæзта, уый æрхъуыды кæныныл. Ничи. Нæдæр аргъæутты. Кæддæр Нарты Батрадзы размæ иу дзæкъул æрыппæрстæуыд æмæ йæ зæххæй дæр нæ фæхицæн кодта. Уый та дыууæ стыр голладжы сæппæрста саргъмæ, бæхы рагъмæ! Йæ къандзол уæлвæндаг баззад æмæ йæм тагъд-тагъд суад. Скодта йæ æмæ йæ алыварс йæ цæст сæрыстырæй ахаста. Мит, урс-урсид мит хъæпæнтæй хуыссыд йæ алыварс, фæлæ йын æртхъи- рæнгæнæджы хуыз нал уыд: мит ссæст æмæ æдыхæй хуыссыд йæ къæхты бын. Лæппумæ афтæ фæкаст: ай мит нæу, фæлæ сырд, æнахъинон сырд, тыхджын сырд, мæнæ ам, тæккæ дæр ацы ран фæхъуырæй-хъуырмæ сты, тох сын бацайдагъ æмæ йыл фæуæла- хиз, ныххурх æй кодта. Ныр мардæй ныддæргъ йæ къæхты бын! Уыцы хъуыды базыртæ басагъта лæппуйыл. Йæ фæллад ай- сæфт. Цæрдæг ныггæпп кодта фæндагмæ æмæ бæхы рагъмæ йæхи сæхста. — Æйтт кæн, Зыгъар, — цингæнгæ дзырдта бæхмæ, — стыр сихорафон сси æмæ Дзаумæ дæр нæма ныххæццæ стæм. Мах та ма фæстæмæ дæр хъæуы здæхын. Бæх та базмæлыд æмæ араст сты сæ фæндагыл. Хурбон уыд, митæмбæрзт зæхх тæмæнтæ калдта. Бæлæстæй æмæ адгуытæй хъулон-мулон митæмбæрзт зæхх стад лæппуйы цæуæн фæндагыл. Æмæ Мурæтмæ афтæ каст, цыма æцæгæйдæр стыр æнахъинон сырд амардта æмæ йын ныр йæ хъулон-мулон царм байтыгъта йæ цæуæн фæндагыл. АУУÆТТЫ ХУРТУАН — Не ’взаг мæлы! — гæмæлæй дзырдтой утæппæт адæм. Чы- сыл Сæгойы зонды ацы ныхас «мæлын»-æн уыди дыууæ нысани- уæджы. Иу хатт йæ мад дзырдта: — Оу, мæлын! Мæ бон нал у ацы дæндагæй. — Æмæ дыууæ къухæй йæ ’фсæрыл хæцгæ куыдта æмæ йæхи къæдзтæ кодта. Иннæ хатт та йæ фыд загъта: — Мæлын! Дысоны нозт мæ амардта. Æмæ хыр-хыргæнгæ зынтæй улæфыд, калд йæ сурхид. Фæлæ ныр утæппæт адæм æмдзыхæй дзырдтой: — Мæлы не ’взаг! Ницы сын æмбæрста чысыл Сæго, йе ’взаг йæ комыкъултыл дыууæрдæм арадау-бадау кодта: нæдæр йæ дæндæгтæ рыстыс- ты, нæдæр — йе ’взаг. Æмæ уæд дыгьуырццæгæй бакаст йæ мадмæ. — Чи мæлы? — бафарста йæ ныллæг хъæлæсæй. — Не ’взаг, — загъта йæ мад мæстыйæ. Сæго зыдта, йæ мад уымæ кæй не смæсты, фæлæ йæ чи смæ- сты кодта? 25 Ирон лнтерлтурæ сывæллæттæн 385
— Кæй æвзаг мæлы? — бафарста йæ ногæй. — Мах, — загъта йæ мад. Сæго та йе ’взаг йæ комыкъултыл арадау-бадау кодта. Нæ, нæ риссы йе ’взаг. Чи зоны, гыццийы æвзаг риссы, зæгъгæ, йæ чысыл зæрдæ бархæндæг, йæ сæр йæ мады цонгмæ балхъывта æмæ йæм тæригъæдгæнгæ, æнкъард цæстытæ сзылдта. — Гыцци, — дзырдта йæм, — дæуæн дæр риссы де ’взаг? — Банцай, — тызмæгæй та загъта йæ мад. — Хъусгæ кæн. Сæго фæсæтдзæ æмæ дыгъуырццæгæй ныхъхъуыста, утæп- пæт адæмы раз ныртæккæ микрофонæй чи дзырдта, уыцы лæп- пу-лæгмæ. — Худинаг уæд, не ’взаг нын марынмæ чи хъавы, уыцы стыр адæмæн, — уырыссагау тызмæгæй дзырдта уыцы лæг. — Худинаг уæд уыцы ныййарджытæн, ирон æвзаг йæ сæрмæ чи нæуал хæс- сы, сæ сабитæн сæ мадæлон æвзаг сæ дзыхæй сыскъуынынмæ чи хъавы, кæйдæр æвзаг сын тыххæй чи хъары! Ацы ныхæстæм Сæгойæн йæ сурхид акалд. Йæ зæрдæ мæс- тæй адæнгæл. Йе ’взаг ын йæ дзыхæй сыскъуынынмæ чи хъавы, уыцы æнæзонгæтæ йын æвиппайды удхæссæг фестадысты æмæ фырмæстæй йæ къухтæ æрбатымбыл сты. — Гыцци, — тыхстæй дзырдта йæ мадмæ. — Æмæ нын не ’взæгтæ сыскъуынынмæ чи хъавы? — Иронау нæ дзурын чи нæ уадзы, уыдон, — загъта йæ мад. — Быныскъуыд суæнт. Ацы ныхæстæм Сæгойы зæрдæ ныссæххæтт кодта. Йæ мад кæй ралгъыста, уымæн ницы бамбæрста, фæлæ мæсты цæуыл сси, уый фæхатыд. Микрофонæй цы лæг дзуры, уый йын йæ мады æфхæры. Хæдзары куы вæййынц, уæд æм йæ фыд иронау фæдзуры, мад та — уырыссагау, стæй Сæгойæн дæр фæзæгъы, цæмæй уырыссагау дзура. Уыцы лæг сæ, æвæццæгæн, искуы фе- хъуыста æмæ йын ныр йæ мады æфхæры... Ныр Сæго уыцы лæгмæ нал хъуыста, фæлæ хъуыды кодта, сусæгæй хъусын хорз лæджы ми кæй нæу, ууыл. Йæ фыд дæр афтæ фæзæгъы. Уыцы лæг та сæм, æвæццæгæн, сусæгæй хъуыс- та. «Фæлæуу-ма, фæлæуу, — хъуыды кодта йæхинымæр Сæго, — æмæ кæд ахæм хорз лæг у, уæд йæхæдæг уырыссагау цæмæн дзуры?» Ацы хъуыдыйыл ныццин кодта Сæго, æмæ йæ сæрыл бæрзонд схæцыд, афтæмæй хъæрæй бафарста: — Ахæм лæг кæд у, уæд йæхæдæг иронау цæмæн нæ дзуры? Сæ алыварс цы адæм бадт, уыдон ын йæ ныхæстыл ныххудты- сты — раст зæгъы, зæгъгæ, æмæ Сæго йæхицæй ныббуц, ома, æз дæр лæг дæн æмæ мæ мады æфхæрын никæмæн бауадздзынæн. Адæм ноджыдæр дзырдтой, стæй микрофонæй дзурджытæ куы банцадысты, уæд фæзуаты къордгæйттæй рапырх сты æмæ сын ныр та ам бацайдагъ ныхас. Ныр иугæйттæй нæ, фæлæ бирæгæй- ттæй дзырдтой, дзырдтой карзæй. Бирæтæ дзы кæмæдæрты æртхъирæнтæ кодтой, чидæртæ дзы кæйдæрты хуыдтой «уæй- 386
гæнджытæ». Сæго сæм знæтзæрдæйæ хъуыста æмæ æнхъæлмæ касти, йæ мады сæрыл кæй рахæцыд, уый тыххæй дзы кæд рап- пæлдзысты. Фæлæ дзы Сæгойы койгæнæг ничи уыди, æмæ саби цадæггай йæ мидзæрдæйы фæгуырысхо йæ мадыл. Стæй цадæг- гай фæгуырысхо йæхиуыл дæр: йæ мад раст нæу, афтæмæй йæ сæрыл рахæцыд, æмæ уæд уый дæр æвзæр лæг у. Уыцы хъуыды балхъывта сабийы чысыл зæрдæ. Уыцы хъуыдыйæ дæлдзиныг кодта. Уый фæндыд, хорз лæппу кæй у, уый атæппæт адæм куы зониккой, цæмæй йæ уарзой. Адæм та уый нæ зонынц. Уарзынц æй æви нæ, уый дæр нæ зоны. Æвæццæгæн æй нæ уарзынц. Уымæн æмæ уый йæ мады сæрыл рахæцыд. Йæ мад та раст нæу. Ацы адæм иууылдæр афтæ дзурынц: иронау дзурын чи нæ уадзы, уыдон се знæгтæ сты. Сæгойы та йæ мад уырыссагау фæдзурын кæны. Иу диссаг ма уый каст Сæгомæ, æмæ йæ мад дæр ныр ахæмты знæгтæ кæй хоны. Саби бынтондæр сдыгъуырццæг; афтæ йæм касти, цыма йæ мад барæй афтæтæ дзуры адæмы ’хсæн, цæмæй йæм къухæй ма амоной æмæ йæ се знаг ма хоной. Ныр Сæго йæ мидзæрды тæригъæд дæр кодта йæ мадæн. Тарсти, æрдæ- бон микрофонæй цы лæг дзырдта, уый сæ уæлхъус куы февзæра æмæ йын йæ мадæн тызмæгæй куы зæгъа: — Ды не знаг дæ! Тарсти, йæ мадæн гæдыныхæстæ кæй кæны, уый йын адæм куы базоной æмæ йæ куы бафхæрой. Сæго хорз зыдта, адæм ал- цыдæр кæй зонынц: адæм кæрæдзийы фарстытæн, кæрæдзийæн знæтæй дзуапп лæвæрдтой, стæй-иу райхъуыст сæ тызмæг ныхас: — Фаг у! Мах алцыдæр зонæм! Алцыдæр кæй зонынц, Сæго ууыл æууæндыд. Хæдзары йæ йæ мад уырыссагау кæй фæдзурын кæны, уый дæр ма базыдта æрдæбоны лæг. Æмæ тарсти йæ мадæн. Фæлæ йæм йæ мидзæр- дæйы хæрам дæр кодта: цы лæууы ам æмæ гæдыныхæстæ цæмæн кæны? Боныфæстагмæ хæдзармæ ацу æмæ æдас уай. Уыцы тасы адæргæй-иу ахæцыд йæ мады цонгыл: — Хæдзармæ мæ фæнды, — загъта-иу лæгъстæгæнгæ. Йæ ма- дæн уыдæттæ, æвæццæгæн, йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыдыс- ты. Тынг карзæй дзырдта кæйдæрты ныхмæ æмæ сæ хуыдта знæгтæ. Адæм æм хъуыстой æмæ, кæд тынг гæмæлхъус уыдыс- ты, уæддæр разы уыдысты йæ ныхæстыл. Хъуыста сæм Сæго дæр, касти сын сæ цæстытæм, фæлæ йын уыдонæй иу дæр йæ мады бафхæрынмæ нæ хъавыд, æмæ сыл уæд фæдызæрдыг: адæм алцыдæр кæй зонынц, ууыл фæгуырысхо Сæго. Йæ мад гæды- ныхæстæ кæй кæны, уый адæмæн сæ фæсонæрхæджы дæр нæй. Æмæ уæд уыдон алцы нæ зонынц. Афтæ хъуыды кодта чысыл Сæго æмæ уыцы хъуыдыйы руаджы цадæггай сæфт йæ тас. «Æвæццæгæн, сæхæдæг дæр гæдыныхæстæ кæнынц», — æрцыди сабийы хъуыдымæ, æмæ уæд адæмыл бынтондæр фенæууæнк. Хур бон уыди, адæмы аууæттæ дæргъытæй хуыссыдысты фæзуаты, адæмæй алчидæр лæууыд йæ аууоны дæлфæдтæм, æмæ 387
чысыл Сæгомæ афтæ каст, цыма адонæй алчидæр йæ аууон хъахъ- хъæны. Ныр Сæго касти æрмæстдæр уыцы аууæттæм. Касти æмæ уыдта: уыцы аууæттæй исчи иуырдæм куы фезмæлы, уæд, кæй аууон у, уый йæ хæдуæлвæд йæ уæлхъус балæууы, цæмæй йæ хурæй хъахъхъæна... БУДАЙТЫМИЛУСЯ (1952) Будайты Агуыбейы чызг Милуся рай- гуырд 1952 азы Æрæфы районы Тулдз- джыны хъæуы. Астæуккаг скъола каст фæ- уыны фæстæ бацыд медицинон училищемæ. Сахуыр кодта фельдшерыл. Уый фæстæ та сырх дипломимæ каст фæци Цæгат Иры- стоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддза- хадон университеты филологон факультет. Иу аз бакуыста ахуыргæнæгæй Беслæныхъæуы 3-æм скъолайы. 1979 азæй фæстæмæ кусы чиныгуадзæн «Ир»-ы ахуыргæнæн чин- гуыты редакторæй. Милуся фыссын райдыдта æмдзæвгæтæ æмæ гыццыл ра- дзырдтæ, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. ЦИПУ-йы куы ахуыр кодта, уæд ын йе ’мдзæвгæтæ мыхуыр кодтой газет «Ленинская смена»-йы. Уый фæстæ та йæ радзырдтæ æмæ æмдзæвгæтæ мыхуыр- гонд цыдысты газеттæ «Рæстдзинад», «Слово»-йы, журналтæ «Ногдзау», «Мах дуг», «Ирæф»-ы. Рацыди йын æмдзæвгæты æмбырдгонд «Урс уарди», сывæллæттæн радзырдты æртæ чины- джы: «Тетейы хабæрттæ», «Тетейы фын», «Тетейы радзырд», æмдзæвгæты æмбырдгонд сывæллæттæн — «Сауæдонæ». Будайты Милусяйы сфæлдыстады сæйрагдæр бынат ахсынц, сывæллæттæн цы радзырдтæ, аргъæуттæ фыссы, уыдон. Милуся хорз зоны сывæллæтты психологи. Йæ радзырдты æвдисы хъæук- каг сывæллæтты цард, хистæртæ æмæ кæстæрты ахастдзинæдтæ, куыстуарзондзинад, æрдзмæ, цæрæгойтæм уарзондзинад... ДИДИНДЖЫТÆ Тетейы мад Зæлихан дидинджытæ тынг бирæ уарзы. Сæ хæ- дзары дурынты сагъд ис бирæ алыхуызон дидинджытæ. Стæй сæ цæхæрадоны, кæрты, уынджы... Зилгæ дæр сæм хорз кæны. Тете дæр йæ мадмæ гæсгæ тынг æнувыд у дидинджытыл. Дон сыл фæкæны. Мад дурынты сыджыт куы фæивы, уæд ын фех- хуыс кæны. 388
Ацы аз та кæцæйдæр бирæ дидинджыты мыггæгтæ æрхаста Зæлихан. Фыдымад сæ чызгмæ радта. — Мæ хуры тын, ацы дидинджыты мыггæгтæ нæхæдæг ныс- садзæм цæхæрадоны, стæй нæ хæдзары раз дæр. Уадз, æмæ чын- дзæн дæр æхсызгон уа. Тете тынг бацин кодта. Уымæн йæ дыккаг бон фыдымад æмæ Тете райстой мыггæгтæ æмæ ацыдысты цæхæрадонмæ. Уым сисрæбыны зæхх скъахтой, сфæлмæн æй кодтой æмæ дзы дидинджыты мыггæгтæ ныссагъ- той. Уый фæстæ рацыдысты уынгмæ æмæ сæ хæдзары раз ныс- сагътой, цы мыггæгтæ ма сæм баззад, уыдон. Ныр Тете бон цалдæр хатты уад цæхæрадонмæ æмæ уынгмæ дидинджытæ бæрæггæнæг. Иубон хъæргæнгæ æрбауад цæхæра- донæй: — Нана, нана, сывзæрдысты нæ мыггæгтæ! — æмæ йæ къухæй ацамыдта: — мæнæ ай йæстæ сты. — Хорз, мæ хуры тын, хорз, — бацин кодта нана дæр. Тете алыбон дæр уад æвзартæ уынынмæ. Цыдысты бонтæ. Ралæууыд сæрд. Нана æмæ Тете цы дидин- джытæ ныссагътой, уыдон сырæзыдысты æмæ диссаджы рæсугъд уыдысты. Уынджы сæ дидинджыты алыварс уыд ныллæг кау. Гыццыл фалдæр та уыд бандон. Уым бадын уарзтой сыхæгты устытæ. Иухатт та, уым куы бадтысты, нана дæр семæ афтæмæй, уæд сыхæгты устытæй иу афтæ: — Хуыцауы тыххæй, — бакæсут-ма, цы рæсугъд сты уыцы дидинджытæ. Æз ахæм дидинджытæ никуыма федтон. Уæд ын нана загъта: — Уыцы дидинджытæ мæ гыццыл хур ныссагъта, æмæ уымæн афтæ рæсугъд сты, — стæй ацамыдта йæ фырты чызгмæ. Уый гыццыл фалдæр сывæллæттимæ хъазыд. — Уæ бирæ фæцæра Тете, йæ мад æмæ йæ фыды фæндиаг байрæза, махæн уыцы дидинджытæ чи фенын кодта, — загъта та сыхæгты ус. Тететæн сæ сыхæгтæй иутæм уыдис сæгъ. Диссаджы фыдуаг æмæ налат уыд. Иунæгæй уынджы аззад, уæд-иу бæлæстæ æхсыд- та, цæхæрадонмæ-иу гæпп кодта. Уымæ гæсгæ йæ æдзух дæр хъахъхъæнгæ кодтой. Хизæнмæ-иу йæ размæ ацыдысты изæры æмæ-иу æй скъæты бакодтой. Иу изæр куы уыдис, уæд сæгъæн йæ размæ рацæуæг нæ фæци. Уыцы изæр æнæуи дæр æрæджиау æрцыдысты фыстæ æмæ сæгътæ хизæнæй. Налат сæгъ æхсæв уынджы баззад, бахызт Тетейы ди- динджытæм. Кæй сæ ссæндгæ ныккодта, кæй та сæ хæргæ бакодта. Райсомæй Зæлихан уынгмæ куы рацыд æмæ дидинджытæ аф- тæмæй куы федта, уæд тынг батыхсти: «Хуыцауы тыххæй, цы кодтой? Чи сын бакодта уыцы фыдмитæ?» Фæлæ сыхæгты на- лат сæгъы куы федта уынджы, уæд ма йæ цы базонын хъуыд, 389
фыдгæнæг чи уыд, уый. Йæхинымæры загъта: «Адон дæр æй уынджы цы ныууагътой?! Мæ чызгæн цы зын уыдзæн, йæ ди- динджытæ афтæмæй куы фена, уæд!» Уалынмæ нана дæр уынгмæ рацыд, æмæ йын чындз радзырд- та хабар. Сæгъы хицæуттæ дæр сæ размæ бацыдысты, дидин- джыты хабар куы базыдтой, уæд. Сæ ус мæстыйæ загъта: — Уый далæ уыцы налаты митæ сты, — ацамыдта сæгъмæ, — æвгъау уыдысты, замманай дидинджытæ! Бахатыр нын кæнут! — Цæй, цы гæнæн ис. Нæ сæры бæсты фæуæнт, — йæ уæнтыл схæцыд Зæлихан, — сымах дæр афтæ нæ фæндыд. Уæ сæгъы, мыййаг, ардаугæ не скодтат. Мæ гыццыл хурæн зын уыдзæн, уый йеддæмæ... Иу хатт ма хатыр ракуырдтой сыхæгтæ æмæ ацыдысты. На- наитæ дæр райсомы куыстытæм аздæхтысты. Уæдмæ Тете дæр сыстад. Йæ мадæн аххуыс кодта: кæрчытæ кæркдонæй рауагъта, нæмыг сын акалдта. Уый фæстæ загъта: — Дзыцца, æз дидинджытæм акæсон. Мад йæхимидæг батыхст, нæ йæ фæндыд, чызг уынгмæ ацæуа, дидинджытæ афтæмæй фена, æмæ йæ фæурæдта: — Фæлæуу, мæ хур, мæнæ-ма нартхор азгъалæм изæрмæ кæр- чытæн, стæй уый фæстæ ацæудзынæ. Фæлæ Тетейы тынг фæндыд дидинджытæм бакæсын æмæ загъта: — Мæнæ æрмæст дуарæй акæсон. Зæлихан æм ницыуал сфæрæзта дзурын. Чызг азгъордта. Цас- дæры фæстæ йæ кæуын æрбайхъуыст уынгæй. Чындз æфсинмæ бацыд къæбицмæ. — Нæ гыццыл чызг йæхи кæуынæй мары. Акæс-ма йæм, кæд дын зын нæу, уæд. Ды йæ хуыздæр æрсабыр кæндзынæ. Зæронд ус ацыд уынгмæ. Тете бандоныл бадт æмæ куыдта, сыхæгты ус дæр уым бадт æмæ йæ сабыртæ кодта. Нана сæ фарсмæ æрбадт, æрбахъæбыс кодта чызджы. — Ма ку, мæ рæсугъд уалдзæг! Мæнæн дæр зын уыдис, фæлæ цы гæнæн ис. Æз æмæ ды уалдзæджы ноджы рæсугъддæр дидин- джытæ ныссадздзыстæм. Ныр та уал цæхæрадоны дидинджытæй æд уидæгтæ скъахдзыстæм æмæ сæ ам ныссадздзыстæм. Уæд- дæр уым æгæр бирæ сты. Хорз, мæ урс уæрыкк? Тете йæ нанайы ахъæбыс кодта æмæ кæугæ-кæуын загъта: — Æз... æз тынг тæригъæд кæнын ацы дидинджытæн. Цы рæсугъд уыдысты!.. ТЕТЕЙЫ ФЫН Уыць1 райсом Тете райхъал æрæджиау, уæддæр фестынмæ нæ хъавыд. Йæ цæсгомыл цыдæр æхсызгон мидбылхудт хъазыд. Йæ цæстытæ-иу байгом кодта, стæй та-иу сæ фæстæмæ æрæхгæдта. 390
Уалынмæ нана йæ разы балæууыд. Чызджы сынтæджы куы фед- та, уæд бадис кодта. — Мæ къона, цы кæныс, рынчын ма фæу! Ныр, уæртæ дæс сахаты куы у, — зæронд ус йæ армытъæпæн йæ фырты чызджы ныхыл авæрдта. Уæд Тете афтæ куы зæгъид: — Нана, ды зоныс, æз цы фын федтон, уый. Уый цы рæсугьд æмæ диссаг уыдис! Æмæ мæн фæстæмæ мæ фынмæ фæнды. Æз бафынæй уыдзынæн æмæ та ногæй уыцы фын уындзынæн, — стæй йæхи йæ фыдымадмæ сивæзта. — Нана, ды дæр-ма æрхуысс мæ фарсмæ, æмæ дыууæйæ уындзыстæм уыцы фын. Зæронд ус бахудти, гыццыл Тетейы ахъæбыс кодта, йæ ны- хæн ын аба кодта. — Уæ мæ рæсугъд уæрыкк, мæ къæбæда хуры тын! Афтæ нæ вæййы. Куы ма бафынæй уай, уæддæр уыцы фын нал фендзынæ. Æз та уæлдайдæр... Фæлæ, уагæры цавæр фын федтай? Уæд та йын чызг афтæ: — Ахсæв дæр нал фендзынæн уыцы фын? — Ахсæв, æвæццæгæн, фендзынæ уыцы фын. Ныр сыст. Дæ сынтæг бафснай, дæхи ахс, аходæн бахæр. Уый фæстæ мын ра- дзурдзынæ дæ фын. Хорз? Зæронд ус чызджы уатæй рацыд æмæ цæлгæнæнмæ бацыд. Сихормæ йæ хæринаг кæнын хъуыд. Тете дæр сыстад. Бафснайд- та йæ сынтæг, стæй адугъ кодта хихсæнмæ. Фыдымад хæринаг конд фæцис. Чызг дæр уæдмæ бахордта. Йæ фæстæ бафснæйдта: къустæ ахсадта, сæ бынаты сæ сæвæрд- та. Уый фæстæ нана æмæ Тете рацыдысты кæртмæ. Фæткъуы бæласы бын бандоныл сбадтысты. Фыдымад йе ’лвисинæгтæ йæ фарсмæ æрæвæрдта. — Æз æлвисдзынæн, ды та мын дæ фын дзурдзынæ. Чызг йæ къаба адзæбæхтæ кодта. Цасдæр æнцад бадт, стæй райдыдта йæ фын дзурын: — Æз аргъæутты бæсты уыдтæн дысон. Мæнæ мын ды цы аргъæуттæ фæкæныс, уыдон цы бæстæйы вæййынц, ахæмы. Дис- саджы бæстæ! Кæрдæг — цъæх-цъæхид, раст гауызы хуызæн. Бæлæстæ иууылдæр дидинæг калдтой. Сæ алыварс дæр — дидин- джытæ. Сæ астæуты згъордта цæугæдон, тынг сыгъдæг дон. До- нæн йæ астæуты уыд урс-урсид хид æмæ йын къæлæтджын хæ- цæнтæ. Цæугæдоны был хызти бирæ сæгуыттæ, сагтæ, тæр- хъустæ... Хидыхъус цы стыр бæлас зади, уый къалиутыл та бад- ти æхсæрсæттæг æмæ бирæ мæргътæ. Мæргътæ зарыдысты. Æз бадтæн дидинджыты астæу. Мæ къаба дæр уыд дидинджы- тæй. Иуафон мæ размæ иу саг æрбацыд æмæ мæ йе рагъмæ систа. Æмæ мæ хæссынтæ байдыдта... Бахæццæ стæм иу суадоны размæ. Суадоны былыл уыди сыгъзæрин къус. Саг мæ æриста йе рагьæй. Æмæ сыгъзæрин къусæй банызтон суадоны донæй... Уæд мæныл фестад базыртæ æмæ дын арвмæ куы стæхин. Мæ алыварс тахты- 391
сты зæрватыччытæ. Сырдтæ та мæм дæлейæ кастысты. Æз тах- тæн, тахтæн быдыртæ, хъæдтæ, дæтты сæрты, — чызг йæ фыды- мады къухмæ бавнæлдта, бакаст æм, хъусы йæм æви — нæ, æмæ дарддæр дзырдта: — Цы тынг хорз уыди тæхын! Фæлæ... фехъал дæн. Æмæ... æмæ мæ тынг фæндыди фæстæмæ фыны фестын. Зæронд ус Тетейы æрбахъæбыс кодта. — Мæ рæсугъд уæрыкк, ныр бамбæрстон, сыстын дæ цæуыл- нæ фæндыдис, уый. Ма тыхс, мæ фæрдыг, ахæм фынтæ ма бирæ хæттыты фендзынæ... Бирæ хæттыты ма тæхдзынæ фыны... Уый мæнæ æз никуыуал фендзынæн ахæм фын. Тете йæ бынатæй фæгæпп кодта. — Цы диссаджы фын уыд!.. Мæхи нана, ды мæ цуры хуыс- дзынæ, æмæ иумæ уындзыстæм ахæм фынтæ. — Хорз, хорз, нанайы хур, — загъта зæронд ус. УАЗÆГУАТЫ Сæрды каникулты Тетейы йæ мад акодта йæ хомæ Бæрзы- хъæумæ. Зæлиханы хо Мæдинæт иунæгæй цард æмæ йæхæдæг загъта, цæмæй йæм Тетейы æрбакæной. Чызг æххуыстæ кодта йæ мады хойæн. Пъолтæ-иу ныммарзта, ныхсадта, кæрчытæн-иу хæринаг ныккодта... Стæй-иу чингуыты каст. Телевизор дæр дзы рох нæ уыд. Бирæ хæттыты-иу тезгъо кæнынмæ ацыдысты Мæ- динæтимæ. Кинойы дæр-иу уыдысты. Стæй-иу дуканитыл дæр æрзылдысты. Дыууæ рæсугъд къабайы дæр ын балхæдта. Уæдæ йын къафеттæ дæр æлхæдта. Иуныхасæй, Тетейæн тынг хорз цард уыд йæ мады хомæ. Фæлæ чызг уæддæр тыхсти. Бирæ хæт- тыты та-иу кæугæ дæр акодта сусæгæй. Иухатт æй Мæдинæт кæугæ æрбаййæфта. Йæ фарсмæ сбадт, æрбахъæбыс æй кодта. — Тете, мæ къона, цы кæныс? Цæуыл кæуыс? Исты дæ риссы? — Нæ, ницы мæ риссы. Стæй... кæугæ дæр куы нæ кæнын... — Нæ, нæ, мæ хур, нæ мæ асайдзынæ. Æвæццæгæн, уæхимæ мысыс. Æмæ ахæм гыццыл гаги нал дæ, æмæ афтæ мысай бинон- ты. Зын мын у, тынг зын, æнкъардæй дæ кæй уынын, уый. Тете нæ зыдта, цы дзуапп раттаид Мады хойæн, уый. Цыдысты бонтæ. Чызг йæхи хъæлдзæг дардта. Уынгмæ-иу куы рацыди, уæд уыдта æрмæстдæр иу хæдзар. Сæхймæ та — кæртмæ рацу, æмæ суанг хъæуæн уартæ йæ фаллаг фарсмæ дæр кæс. Рахизырдыгæй — хæхтæ. Хъæуы алыварс — хъæд. Уæдæ сæ хæдзар та цæугæдоны был ис, æмæ йæм æхсæвæй-бонæй хъуыс- ти доны сыр-сыр. Ам та... Нæ дзы цæугæдон ис, нæ — хъæд. Хæхтæ дæр сæм нæ зынынц. Къуылдымтыл ма рауай-бауай кæн... Иубон куы уыди, уæд Мæдинæт æмæ Тете бадтысты кæрты фæткъуы бæласы бын, ныхæстæ кодтой. Гыццыл фалдæр йæ фæстаг къæхтыл бадт сæ рæсугъд урс куыдз æмæ сæм каст. Кæр- чытæ дæр гауызы хуызæн цъæх кæрдæгыл тезгъо кодтой. Бæла- сы къалиутыл цъыбар-цъыбур кодтой цъиутæ, зæрйатыччытæ та — 392
ратæх-батæх. Гæды та гыццыл бандоныл фынæй кодта. Иурæс- тæг Тете йæ мады хойы къухмæ бавнæлдта æмæ загъта: — Мæдинæт, тыхсгæ нæ кæныс? — Мæ къона, уый та цы хоныс? Цæмæн хъуамæ тыхсон? Мæ хæдзар — дзæбæх. Кæрт дæр уæдæ стыр, хорз. Мæ дыргъдон та ницæуыл баивдзынæн... — Нæ, нæ, нæ мæ бамбæрстай. Æз мæнæ уæ хъæуæй зæгъын. Цыдæр æнахуыр хъæу уын у. — Куыд æнахуыр хъæу? — дисгæнгæ афарста ус. Тете хъуыды кодта, куыд хуыздæр бамбарын кæна йæ хъуы- ды мады хойæн. Æмæ æрæджиау загъта: — Мах хъæуы, Æхсæрджыны, ис цæугæдон, хъæд, хæхтæ йæм зынынц. Стæй æз нæ хæдзары кæртæй фæуынын скъола, дука- ни... Ам та цæугæдон дæр нæй, хъæд дæр. Уынгмæ куы рацæуай, уæд та æрмæстдæр иунæг хæдзар фендзынæ... Махæн нæ хæдза- ры раз доны былыл ис бæлæстæ, бæлæсты бын — бандæттæ... Мæдинæт бамбæрста, йæ хойы чызг æй цæмæй фарста, уый. — Тете, мæ гыццыл хур, сымах хъæу къуылдымтыл ис. Рæ- сугъд у, тынг рæсугъд. Фæлæ æз ам сахуыр дæн. Стæй мын зын дæр нæу. Фæлæ дæ æз æмбарын. Тетейæн æхсызгон уыд, йæ мады хо йæ кæй бамбæрста, уый. Йæ бынатæй фестад. Мады хойы раз дзуццæджы æрбадт æмæ загъта: — Цæмæн куыдтон, уый зоныс?.. — Зонын, зонын, мæ къона. Мысыс уæ къуылдымтæ, уæ цæу- гæдон, къахвæндæгтæ, — æмæ чызджы сæрыл рæвдаугæ йæ къух æрхаста... КЪАДЗАТЫ СТАНИСЛАВ (1955) & Къадзаты Соброны фырт Станислав рай- гуырд 1955 азы 1-æм апрелы Æрыдоны рай- оны Кировы хъæуы. Уым фæци каст астæук- каг скъола æмæ 1972 азы бацыд ЦИПУ-йы филологон факультетмæ. 1976 азы йæ ахуыр адарддæр кодта Мæскуыйы паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты. 1979 азы кусын райдыдта Цæгат Ирысто- ны радиойы æмæ уым фæллой кæны абоны онг дæр. Къадзайы-фырт фыццаг литературон фæлварæнтæ ныффыста фарæстæм къласы, мыхуыр ын сæ кодтой Æрыдоны районы га- зет «Коммунизммæ фæндаджы». Фæстæдæр йæ уацмыстæ цæ- 393
уын райдыдтой республикæйы журналтæ æмæ газетты. 1986 азы фæзынд æмдзæвгæты æмбырдгонд «Æмзæл зарæг», уым уыдыс- ты Станиславы æмдзæвгæтæ дæр. Станислав мыхуыры рауагъта цалдæр поэтикон чиныджы: 1990 азы — «Уидæгты рухс», 2001 азы — «Ирдгæ»... Поэт хъуамæ йæ адæмæн кæддæриддæр ныфс уа, ахæм хъуы- дыйыл лæуд у Станислав йе сфæлдыстады. Нæй йын фæхицæн фыдызæхх, фыдыуæзæгæй, йæ уидæгтæ царды тых уырдыгæй исынц. 1989—1993 азты Къадзаты Станислав куыста сывæллæтты жур- нал «Ногдзау»-ы. Уæдæй фæстæмæ йе ’ргом аздæхта сывæллæт- ты литературæмæ. Рæзгæ фæлтæрæн фыссы æмдзæвгæтæ, тагъд- дзуринæгтæ, нымæцтæ æмæ дзырдтæй хъæзтытæ, аргъæуттæ. УРСАРГЪАУ Уазал йæ зынгыл — Дымгæ æхситтæй Миты фæрцы, Зары уæддæр. Зымæг йæ тынгыл, Хъармæй фæрсы. Култæ æнцъулы Араугæ хъызт. Уидагау зæххы Хъаздзыстæм хъулæй, Бафынæй калм, Раздæр-иу сыст! Арс дæр йæ кæрцы Батымбыл хъарм. Азæлдзæн дардыл Их-авджы дзинг, Къалиутæ митæй — Нал цæудзæн арвы Пуси, дывæр. Сабиты цин. «5» ÆМÆ «2» Фондз æмæ дыууæ Фидауынц куыннæ. Фондз куыд хъæлдзæг у, куыд цæрдæг! Фондз хæссы йæхи йæхæдæг, Рогæн скъæфта мæн æд хызын — Заргæйæ хъæмæ ныббындз дæн. Иубон æз дыууæ куы райстон, Хызын ма тыххæйты хастон. Уый уæззаудæр куы у здыйæ, Мæн æрцахста уый пъæззыйау. Базыдтон æз дæр, Чи сæ у хуыздæр — Базыртæ ныл садзы фондз, Ехх, дыууæ та у æфсондз. 394
Къаппа-къуппа — къæбæлдзыг, Йæ урс сæр сын цырагъау Йæ быны та сырх мæлдзыг. Тæнæг рухсæй æврагъау. Къаппа-къуппа — зыр-зыраг, Цæрынц иумæ хæларæй, Йæ быны та цъыр-цъыраг. Цæстуарзонæй, æмбарæй. ДЗЫРДТÆЙ ХЪАЗТ — Зæгæл æмæ зест, — Зыхъыр æмæ гудзи, — Фæкæл æмæ фест. — Быдыр æмæ къудзи. — Зыгуым æмæ цъацъа, — Зивæг æмæ пъæззы, — Зыгъуыммæ дæ цаца. — Ме ’рдхордæн нæ бæззынц. — Зымæг æмæ уазал, — Зыкъуыр æмæ зыдыка, — Зынгæй у сæ адзал. — Ыскъуыра сæ мæ фыркъа. — Сырдтæ æмæ Æфсати, — Дзырдтæй мæнмæ æфсад и!.. НЫМÆЦТÆЙ ХЪАЗТ — Иу, дыууæ, æртæ, цыппар... — Чермены дзыхы бал ныппар! — Фондз, æхсæз, уæд авд, уæд аст... — Гъеуæд уаис фатау раст! — Мæнæ фараст, мæнæ дæс... — Алтъами дæр уарзын æз... СЫГЪЗÆРИН ДÆГЪÆЛ (Аргъау) Цардысты æмæ уыдысты авд æфсымæры: Г, К, П, Т, X, Ц, Ч. Æфсымæртæ-иу арæх цыдысты балцы. Гъемæ та иуахæмы сапонæхсад, найынвæнд скодтой сæ бæхты, хæссынæн рог, хæ- рынæн адджын хæринæгтæ айстой семæ, афтæмæй араст сты сæ фæндагыл. Æмæ дын сæм арвæй уалынмæ æрхаудта сыгъзæрин дæгъæл. Мæнæ ахæм — Ъ. — Ай хуымæтæджы дæгъæл нæу, — загъта æфсымæрты хис- тæр Г. 395
— Уæдæ, уæдæ! — сразы йемæ К, — æвæццæгæн исты дисса- джы галуаны дæгъæл у. — Иугæр дæгъæл ис, уæд ын гуыдыр дæр æнæмæнг уыдзæн, — загъта та Г, — æмæ нын ацы фæндагыл æнæ цæугæ нæй. Кæнæ йæ хъуамæ ссарæм уыцы галуан, кæнæ та хъуамæ йæ фæдыл амæлæм. — Ды цы зæгъай, æмæ мах цы нæ бакæндзыстæм! — æмхъæ- лæсæй сдзырдтой кæстæр æфсымæртæ. Бирæ фæцыдысты æви чысыл, уый чи зоны, фæлæ кæддæр- уæддæр баввахс сты Урс хохмæ. Æвæдза, афтæ урс уыди æмæ æнæхъæнæй дæр цъитийау цæхæртæ калдта. Æфсымæртæ тæккæ хохрæбын ссардтой стыр лæгæт. Йæ дуар уыд^сыгъдæг сыгъзæринæй. Сыгъзæрин дæгъæл сыгъзæрин дуа- рæн. Еа-йгом æй кодтой æфсымæртæ, уæдæ цы уыдаид. Лæгæт мидæгæй хурау тæмæнтæ калдта алы хæзнаты рухсæй. Стæй ма дзы разынд бирæ ног дзырдтæ. Æфсымæрты зæрдæтæ фырцинæй хурварс абадтысты. — Табу стыр Хуыцауæн, ахæм амондджын фæндагыл нæ чи бафтыдта! — загъта Г. — Ацы хъæздыгдзинад махæн уыдзæни иумæйаг. Фæлæ мах авд стæм, нæ дæгъæл та иу. — Тæхуды, æмæ нæ алкæмæндæр ахæм куы уаид! — дзуры П. — Ууыл та мын цы тыхсут? — размæ ралæууыд К. — Æви уæ ферох, уæларв Куырдалæгон ме ’рдхорд кæй у, уый. Раджы мын бацамыдта йæ сусæгдзинæдтæ. Афонмæ мæ куырдадз æнкъард кæны æнæ мæн. Мæ хъæсдарæг рагæй нал зарыд мæ дзæбуджы цæфæй. Ам сыгъзæринæн ныккæнæн дæр куы нæ ис — дæгъæлтæ скæнын мæ бар уадзут. К куыд загъта, афтæ бакодта — сарæзта æхсæз дæгъæлы, фаззæттау рауадысты кæрæдзийы халдих. Æмæ уæдæй фæстæмæ æфсымæртсей алкæмæ дæр ис сыгъзæрин дæгъæл Ъ — хъæбæры нысан. Г, К, П, Т, X, Ц, Ч сæ дæгъæлтæ бабастой сæ рæттыл æмæ балцы фæцæуынц семæ. Ды дæр сæ, æвæццæгæн, федтай æмæ фехъуыстай, дарддæр та сæ ноджы арæхдæр хъусдзынæ. Ныр се ’ддаг бакаст у ахæм — Гъ, Кь, Пъ, Тъ, Хъ, Цъ, Чъ. Æфсымæртæй-иу лæгæтмæ чи бацыд, уый-иу йемæ рахаста ног дзырдтæ дæр. 3 æгъ æм, Къ рахаста ахæм дзырдтæ: къæвда, къогьо, къона; Хъ та — хъæу, хьул; Цъ — цъай, цъырцъыраг; Чъ — чъиу, чъири; Тъ — тъæбæртт, тъепа; Пъ — пъырыстыф; Гъ — гъе мардзæ, гъæйттæй, гъау-гъау æмæ æндæртæ. Гъе уый уын сыгъзæрин дæгъæлы аргъау. Сымах та уыцы авд æфсымæры æрвылбон куыд уындзыстут æмæ хъусдзыстут, афтæ уынут ’амонд æмæ рухс бонтæ!
Ш&ШШШтзШШ*Ш&^ТШ>^ШШШШÆ^ШР^ШЯШ СÆРГÆНДТÆ Р1 ’Ч Н НТ У ТГ ^ ИРОН АДÆМОН’СФ/^ДЫСТАД Нарты кадджытæ ,,, 4 Нарты равзæрд.Нарты фæткъуы. Дзерассæ-р;схугъд. Уырыз- мæг æмæ сохъхъыр уæйыг. Бæгæны куыд фæзынд. Сосланы райгуырд æмæ йæ байсæрын. Сослан — тыхагур. Сослан Са- танайы зындоны цадæй куыд фервæзын кодта. Нарты балц. Батрадз æмæ сохъхъыр уæйыг Æфсæропы фырт Алæф. Бат- радз Нарты гуыппырсарты куыд фервæзын кодта. Батрадз æмæ Нарты Уацамонгæ. Нарты æмбырд. Нарты сæфт. Даредзанты кадджытæ 36 Даредзанты Амран æмæ æфсæн уæйыг. Аргъæуттæ 49 Арс, бирæгъ æмæ рувас. Уызын. Робас æма æ бæдолæ. Зæ- ронд тикис. Зæронд бирæгь. Рувас — номæвæрæг. Хорзгæнæг хорз нæ ары. Арвы айдæн. Раст лæг æмæ зылын лæг. Фæнык- гуыз. Куырм паддзах. Таурæгътæ 66 Хур æмæ мæй. Авд хойы. Æртхъирæны мæй æмæ тæргæйтты мæй. Хетæджы къох. Ос-Бæгъатыр æмæ хан. Амран. Къæр- ных æмæ хæйрæг. Чермен æлдары лидзæг куыд фæкодта. Чер- мен æмæ сомихаг. Болайы хабæрттæ. Ивддзаг æгасцæуай. Æмбисæндтæ 73 Уыци-уыцитæ 77 Авдæны зарджытæ, æмдзæвгæтæ, хъæзтытæ 81 А-ло-ла. Губорæ. Дзедз æмæ дзедз! Ам гал хызти. Гакк-гакк, куыдзы гакк. Дычъе-дычъе. Бон æмæ æхсæв. Иу къахыл лæу- уынтæй хъазт. Ивазынтæ. Къуырцгæнынтæй хъазт. ИРОН ФЫСДЖЫТЫ СФÆЛДЫСТАД Хетæгкаты Къоста 85 Гино. Уасæг. Скъолайы лæппу. Лæгау. Фыдуаг. Кæмæн цы... Зæрватыкк. Дзывылдар. Цъиу æмæ сывæллæттæ. Уалдзæг. Сæрд. Фæззæг. Зымæг. А-лол-лай. Сидзæргæс. Булкъ æмæ мыд. Халон æмæ рувас. Бирæгь æмæ хърихъупп. Дзæбидырдзуан. Гæдиаты Секъа 100 Дзæбидыр æмæ мæлдзыг. Домбай æмæ мыст. Чермен. Лæг æви сырд. Куырттатаг гæды лæг. Рувас-хадзы. Хъайтмазты Аслæмырзæ 110 Сидзæр. Хосгæрдæн. Фæллой. Гуырдзыоеты Бласка 112 Мæгургор. Æвдеу. Мади зар авдæни сæргъи. Æмбалты Цоцко 114 Бур галы аргьау. Хиуарзон лæг. Магусатæ. 397
Коцойты Арсен 126 Хъæддзау. Фæкæс-ма, Ауызби! Куысыфтæг æмæ дурын. Хъу- сой. Гæдиаты Цомахъ 136 Æрцыд, ныллæууыд уалдзæг. Æхсæрдзæн. Райсом. Цæмæн æй уарзын æз мæ фыдыбæстæ? Дыууæ дидинæджы. Хæлуарæг æмæ мыдыбындз. Хетæгкаты Дауыт 141 Мады лолотæ. Сæрды. Дзæбидыр. Рауай! Малиты Георги 144 Федог. Мæ тикис. «Тæходуй, æна...». «Адтæй рæсугъд догæ». Дзирасгæ. Багъæраты Созыр 147 Нæуæг зарæгæн. Курд. Еунæг. Сæрдæ. Барахъты Гино 150 Сывæллон. Æмбæлттæ. Арс æмæ хуытæ. Зæлимхан. Брытъиаты Созырыхъо 157 Рувас — хосгæнæг. Дзеджы фырт — Дзег. Зæронд цуанон Дзег æмæ йæ зæронд ус Азау. Азауæн райгуырди сауцæст лæппу. Нигер (Дзанайты Иван) 167 Сабиты зарæг. Зæрватыкк. Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау. Уæхæтæджы фырт чысыл Гуыйман. Дзесты Куыдзæг 181 Хинæйдзаг къæбыла. Æххуысгæнджытæ. Ахуыр æмæ фыда- хуыр. Æдзæсгом фыр. Æвдадзы хос. Плиты Харитон 199 Инал. Хъæды. Гыцци. Гæды æмæ йæ лæппынтæ. Найынмæ. Хохаг райсом. Иласы бæллиц. Мамсыраты Дæбе 202 Хæлæрттæ. Хърихъупп Бипп-бипп. Хъæндил. Дзугаты Георги 226 Хъал дидинæг. Æрсой. Сæракцæст цуанон. Бæбийы пъарт- фел. Баситы Мысост 237 Мæ мадæн. Мæ нана. Иласы бæлас. Булæмæргъ. Ног чиныг. Мæ удыгага. Розæ-дидинæг. Иссæйы зарæг хъустыл уайы. Æрттив нæм, хуры цæст! Таймураз. Хозиты Яков 243 Ныстуан сабитæн. Хæснаг. Уыци-уыцитæ. Сабитæ æмæ афæ- дзы афонтæ. Цæрукъаты Алыксандр 247 Хъæдхой. Мартъи. Тута бæлас. Цы расайдта йæ фæдыл къо- ри? Сечъынаты Ладемыр 258 Нæнæй, нæнæй!.. Трамвайы. Хъæдхой æмæ булæмæргь. Абек- ка. Цæгæраты Гиго 264 Куы ’рбатухæм нæ къухтæй зæхх... Мады зарæг. Цъиу-цъиу- цъиу. Хорз бæлас у тæрс. А-ло-ло-тæ, цы-цы-тæ. Зæлуйы чин- гуытæ. Айларты Измаил 267 Цы уарзтон. Хорз æмæ æвзæр. Сывæллоны бонтæ. Уарз фæл- лой. Род æмæ гал. Икъа-икъа. 398
Цæрукъаты Владимир 270 Фæнд. Уæрцц-былдыхъ. Æвзæр. Бег æмæ Тег. Æнæном сал- дат. Боныцъæхтыл зындзынæн. Уырымты Петр 276 Мæ зарæг. Дурамайæг. Лæг. Мад. Мыст æмæ нартхоры нæ- мыг. Айтеджы фын. Ситохаты Саламджери 284 Саби. Тæрхъус. Сæгуыты лæппын. Тыхгæнджытæ. Хæлæрттæ. Айларты Чермен 293 Арвы дидинджытæ. Уалдзæг. Дымгæ, уадындз æмæ сидзæр саби. Æнæвдæлон. Миты къуыбылой. Цæуыл зарыд дон. Дауырæ 298 Базон-базонтæ. Фындз æмæ хъустæ. Бирæ цæр! Лæджы бын- дзæфхад. Афтæ у æви нæу? Гуырдзыбеты Барис 301 Æхцадон. Æнувыддзинад. Фæсмон. Хъæды мелоди. Икъаты Владимир 305 Тæрхъус. Бæлон. Загъдкъахæгæн — над. Алцы — хайгай. Ди- динæг. Нæхи дада. Дзасохты Музафер 308 Мæ кæстæрмæ. Хистæр æмæ кæстæр. Ног аз. Тагъд дон фур- ды не ’ййафы. Мысты тæригъæд. Быцæу. Хъодзаты Æхсар 317 Урс гæлæбу. Заз. Урс бæлон. Æнкъард хабар. Фыццаг фæл- варæн. Уалыты Лаврент 320 Жирафы фыстæг. Историйы урок. Рувасы фæдис. Зымæджы чиныг. Хозиты Макар 323 Æмбæхстытæй хъазт. Дзоныгъ-бæхыл. Цирчы. Тæрхон. Фын. Сæрдыгон райсом. Чеджемты Геор 326 Тулдз тала. Тæригъæдгæнаг рувасы аргъау. Арв худы, арв зары. Къармæгоны æрдуз. Дзегуындæ. Цы хъæуы амондджын уæвынæн? Рæмонты Алыксандр 345 Æхсæрæцъеу Æхсæрæг. Цалинмæ æвзонг дæ. Ка хуæздæр æй? Мулдзуг-гулдзуг. Хуæнхаг игуæрдæни. Зумæг. Хаджеты Таймураз 348 Мæлдзыджы маст. Хæхбæсты аргъау. Бирæгъ æмæ куыдз. Ру- вас, уасæг æмæ лæг. Рувасы мидбылхудт. Æхсæрæг, хиуа æмæ уырыйы аргъау. Гуыцмæзты Алеш 354 Гæдыйы аргъау. Бæхы уаргъ æмæ чысыл лæппу. Аууæтты хуртуан. Будайты Милуся 388 Дидинджытæ. Тетейы фын. Уазæгуаты.. Къадзаты Станислав 393 Урс аргъау. «5» æмæ «2». Дзырдтæй хъазт. Нымæцтæй хъазт. Сыгъзæрин дæгъæл.
Учебное нзданне Составнтелн: ВАЛИЕВА ТАТЬЯНА ИОСИФОВНА КАНТЕМИРОВА РИМА СУЛТАНОВНА ОСЕТИНСКАЯ ДЕТСКАЯ ЛИТЕРАТУРА Хрестоматия Редактор М. А. Будаева Дизайнер В. С. Г р и г о р я н Технический редактор А. В. Я д ы к и н а Корректор Т. А. К а з 6 е к о в а Компыотерная верстка 3. С. М и с и к о в о й Сдано в набор 16.11.09. Подпнсано к печатн 15.02.10. Формат бумагн 60x90 '/|б. Бум.офс. №1. Гарн шрифта «КисичкЬоу». Печать офсетная. Усл.п.л. 25. Учетно-пзд.л. 25,73. Тпраж 2000 экз. Заказ № 1345. С 10. Комитет Республнкн Северная Осетня-Алания по печатн н ин- формацнн. ГУП РСО—Алания «Издательство «Ир», 362040, г. Владнкав- каз, проспект Мнра, 25. Отпечатано с готовых днапознтнвов в ОАО «Издательско- полнграфнческое предпрнятпе нм. В.А. Гасснева», 362011, г.Владнкавказ, ул. Тельмана, 16.