Text
                    ЯБЛОКО НАРТОВ
Нартские сказания
в обработке для детей
на осетинском языке
Созырко Бритаева
Редактор А. П. Газзаев
Художник В. Лермонтов
Государственное издательство
Северо-Осетинской АССР
Дзауджикау * 1951


ÆХСАР ÆМÆ ÆХСÆРТÆДЖЫ РАЙГУЫРД арты адæмæн сæ хисдæр Уæрхæг куы уыдис. Уæрхæ- гæн райгуырди дыууæ лæппуйы — дыууæ фаззоны. Иу дзы райгуырди фыццаг кæркуасæны, иннæ та райгуырди дыккаг кæркуасæны, Бонвæрнон1 стъалыйы скастмæ. Цыма рухс хуры тынтæ ныккастис Уæрхæджы зæрдæмæ, уы- йау барухс фыр цинæй йæ зæрдæ, базыдта, хъæбул куыд адджын у, уый. Уæрхæг йæ лæппуты райгуырды боны фарнæн скодта нæртон куывд сырды фыдæй. Æрхуыдта уæларвæй Куырдалæго- ны2, фурдæй — Донбеттыры3, Нартæй та — Борæйы4 æмæ æндæрты. Уæрхæджы уарзон лæппутыл буц нæмттæ сæвæрдта уæларв Куырдалæгон: хисдæрыл—Æхсар, кæсдæрыл—Æхсæртæг. Номæ- вæрæджы лæварæн Куырдалæгон радта Уæрхæгæн диссаджы уа- дындз болат æндонæй арæзт, хуыдтой йæ — удæвдз. Удæвдзы нарт сæвæрдтой сæ фынгыл, æмæ сын кодта диссаджы зарæг уадындз хъæлæсæй: „Айс æй, аназ æй хуыцауы хæларæй, Айс æй, аназ æй — ронджы нуазæн! Уазджытæ куывды æнæхъæн къуыри фæминас кодтой, стæй уæд фæфардæг сты: Куырдалæгон ныппæррæст ласта уæлар’вмæ, 3
Донбеттыр "та фестадис æргъæуон кæсаг æмæ ныцъыллйнг кодта стыр фурды бынмæ; нарт дæр фæфардæг сты дард балцы. : Æхсар æмæ Æхсæртæг бон рæзтысты уылынг, æхсæв та—уы- дисн æмæ уайтагъд айрæзтысты. Фæлæ уыдысты тынг фыдуаг. Сарæзтой сæхицæн фæттæ æмæ æрдынтæ æмæ арвыл маргъ тæ- хын нæ уагътой— фатæй-иу æй æрæппæрстой. Нарты Уæрхæгæн рахъомыл хъæбатыр фырттæ — Æхсар æмæ Æхсæртæг, зæгъгæ, айхъуысти алы бæстæтыл. Дыууæ фаззоны Æхсар æмæ Æхсæртæг та цæмæн хуыдтой? Уымæн, æмæ Æхсар, хисдæр æфсымæр, уыд æхсарджын, Æхсæр- тæг та, кæсдæр æфсымæр, уыд Æхсарæй æхсарджындæр.
НАРТЫ ФÆТКЪУЫ артæн сæ цæхæрадоны зади бирæ дыргъ бæлæстæ. Уыдо- нæй уæлдай диссаг уыд иу фæткъуы бæлас; йæ дидинджы- *^>- ^ тæ-иу æрттывтой цъæх арвы хуызæн, зайгæ йыл кодта æрмæст иунæг фæткъуы. Фæткъуы нæ уыд хуымæтæджы фæткъуы, фæлæ уыди сызгъæрин, зынгау æрттывдтытæ калдта. Æмæ уыд æлутоны хос адæмæн: иу адзал не здæхта фæстæмæ, уый йеттæмæ цы хъæдгом нæ дзæбæх кодта, цы низæй нæ ирвæзын кодта, ахæм нæ уыд. Бон-изæрмæ-иу арæгъæд ис уыцы фæткъуы, фæлæ та-иу æй æхсæв цыдæр адавта, æмæ йæ ничи фæрæзта бахъахъæнын. Уæд æй нарт байдыдтой радыгай хъахъæнын. Уæрхæджы рад куы æрхæццæ фæткъуы хъахъæнын, уæд æрбасидт йæ фырттæм, Æх- сар æмæ Æхсæртæгмæ, æмæ сын загъта: — Хæринаг ахæссут, мæ хуртæ, ацæут æмæ уæ цæхæра- дон бахъахъæнут, кæннод райсом Æртæ Нарты хæдзарæн лæгæй æрбацæудзысты æмæ уæ иуæн йæ сæр ракæндзысты, иннæмæн— йæ цонг æмæ сæ дыууæ михыл æрсадздзысты, æмæ Æртæ Нар- ты ’хсæн дзæгъæлæй баззайдзынæн, æнæ дарæгæй. Цæхæрадон уыди саджы сыкъатæй бæрзонд быруйæ æхкæд— маргъ батæхæн дæр æм нæ уыд. 5
Лæппутæ загътой: — Ма тæрс, нæ фыд, мах ацæудзыстæм æмæ бæлас бахъа- хъæндзыстæм! Уæрхæг сын загъта: — Цæугæ бæргæ акæндзыстут, фæлæ тæрсын, фæстæмæ куы нæуал æрцæуат — куы нæ йæ бафæразат бахъахъæнын. Æхсар æмæ Æхсæртæг араст сты цæхæрадонмæ. Цæхæра- доны астæу диссаджы фæткъуы бæласы бын æрбадтысты. Æхсæ- вæр куы бахордтой, уæд кæсдæр æфсымæр — Æхсæртæг загъта хисдæр æфсымæр —Æхсарæн: — Æхсар, радыгай хъахъæнæм. Æрхуысс уал: æмбисæх- сæвмæ ды бафынæй кæн, уырдыгæй бонмæ та — æз. Æхсар сразы. Æрхуыссыд æмæ уайтагъд афынæй. Æмбисæх- сæвы фехъал æмæ дзуры Æхсæртæгмæ: — Æгæр афынæй дæн. Æхсæртæг æм фæстæмæ дзуры: — Нырма æмбисæхсæв нæу æмæ уал хуысс. Хуыссæгхъæлдзæг лæппу та фæстæмæ æрхуыссыд æмæ та афынæй. Æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ куыд хицæн кодтой, афтæ цæхæрадонмæ æрбатахтысты æртæ маргъы. Æхсæртæг бады, йæ фат æмæ йе’рдын йæ къухы, афтæмæй. Кæсы, æмæ бæлас æвип- пайды ныррухс, æмæ йыл бады æртæ æхсинæджы. Куыддæр фæткъуымæ фæцæй æвнæлдтой, афтæ сæ Æхсæртæг фехста. Æх- синджытæ атахтысты, æрмæст сæ иуæн йæ туджы æртæхтæ зæх- мæ æркалдысты. Уæд Æхсæртæг райхъал кодта Æхсары æмæ йын загъта: — Æхсинæг фæцæф кодтон фæткъуы бæласыл æмæ мын цæфæй атахти. Мæнæ, кæс йæ туджы æртæхтæм! Куы фæцæф, уæд ныллæджыты атахт. Мæнæн йæ тугвæдыл æнæ цæугæ нæй. Хъуамæ йæ æрцахсон, кæнæ та хъуамæ йæ фæдыл мæлгæ дæр акæнон, æндæр гæнæн мын нæй. — ——- Æхсæртæг æрбамбырд кодта туджы æртæхтæ, зæлдаг- кæл- мæрзæны сæ батыхта. Кæлмæрзæн йæ зæнгойы хъусьГ атъыста æмæ куы æрбабон, уæд загъта Æхсарæн: — Æз ныр цæуын уыцы æхсинджыты фæдыл æмæ цы зæ- гъыс? Æхсар ын загъта: 6
— Ды кæдæм цæуай, æз дæр уырдæм цæуын. Араст сты æфсымæртæ тугвæдыл, æмæ бахæццæ сты ден- джызы былмæ. Уым фæд ныххызти денджызы бынмæ. Æхсæртæг загъта Æхсарæн: — Æз цæуын денджызы бынмæ. Ды мæм ам, денджызы был æнхъæлмæ кæс, æмæ кæд денджыз сырх фынк хæсса, уæд-иу нæ хæдзармæ аздæх — мæнæй дын пайда нал ис. Кæд денджыз урс фынк хæсса, уæд мæм-иу афæдзы бонмæ банхъæлмæ кæс. — Хорз,—загъта Æхсар æмæ баззад ’денджызы был, Æхсæр- тæг та йæ дзауматæ æрбатымбыл кодта æмæ ныффардæг ис ден- джызы бынмæ.
ДЗЕРАССÆ - РÆСУГЪД хсæртæг денджызы бын бафтыд Донбеттырты хæдзармæ Хæдзарæн йæ къултæ уыдысты æргъæу — рæсугъд æмг зынаргъ дуры мыккагæй, йæ бын уыди цъæх авг, йæ сæ] та æрттывта стъалыйау. Хæдзары бадтис авд æфсымæры, сæ уæлс та бадтысты сг дыууæ хойы, амæй ай рæсугъддæртæ. — Фарн уæ хæдзары æмæ уæ райсом хорз!—загъта Æхсæр тæг, хæдзармæ куы бахызти, уæд. — Хорз дæ хай уæд! —загътой йын уыдон дæр æмæ сыста дысты æмæ Æхсæртæджы æрбадын кодтой. Уый фæстæ æфсы мæртæ дæр æрбадтысты: æртæйæ—Æхсæртæгæн йæ уæллаг фар( цыппарæй та—йæ дæллаг фарс. Чысыл куы абадтысты, уæд æфсымæртæ бакастысты Æхсæр тæгмæ æмæ йын загътой: - _ - — Дæ хуызæн уазæг нæм никуыма-æрцыд, цæугæ дæр нæ не ’ркæндзæн: бацин кæнын дь№ бæргæ хъæуы, фæлæ масты стæм. — Хуыцау уын маст ма зæгъæд, фæлæ цæуыл маст ка нут? — бафарста сæ Æхсæртæг. Уыдон ын загътой: 8
— Æртæ хойы нын уыди æмæ сæ фыдбылызæн сахуыр сты нарты цæхæрадонмæ. Уым иу бæласыл сызгъæрин фæткъуы за- ди; бон-иу арæгъæд, æхсæв та-иу сын æй радавта нæ хо Дзе- рассæ, æхсинæджы хуызы-иу бацыд, афтæмæй. Бæргæ йын дзырд- там: „Нартмæ фыдуаг фæсивæд ис, уыдонæй арвыл цъиу атæхын дæр нæ уæнды, ма цу фæткъуымæ". Фæлæ нæм нæ байхъуыста. Нарты Æхсар æмæ Æхсæртæг хъахъæдтой фæткъуы бæлас æмæ нын нæ хойы фæцæф кодтой фатæй. Уыцы ныхæстæ куы кодтой, уæд иннæ уатæй райхъуысти хъæрзын. Æхсæртæг бафарста: — Кæй хъæрзын у уый? — Гъе уый, кæмæй дын зæгъæм, уый у — нæ хо Дзерассæ. — Æмæ йын хос и? — афарста æфсымæрты Æхсæртæг. — Бæргæ йын ис хос,--загътой æфсымæртæ,—йæ туджы æртæхтæ сты йæ хос; уыдон куы æрæмбырд. кæнай æмæ йын сæ йæ хъæдгомыл куы æрæвæран, уæд фервæздзæн, кæннод ын фервæзæн нал ис. — Æмæ йæ чи сдзæбæх кæна, уымæн цы хорз ракæндзыстут?— бафарста сæ Æхсæртæг. — Уыцы лæгæн æй раттиккам нæ уарзон хо Дзерассæйы. — Уæдæ æз дæн нарты Уæрхæджы фырт Æхсæртæг, йæ туджы æртæхтæ мæнмæ сты, цæвгæ дæр æй æз ныккодтон, дзæ- бæх дæр æй æз скæндзынæн. Ардæм æй ракæнут! Æфсымæртæ бацин кодтой æмæ загътой Æхсæртæгæн: — Чызг уæззау рынчын у, дæумæ рацæуынæн нæу, фæлæ йæм дæхæдæг уатмæ бахиз. Лæппу бацыди рынчыны размæ. Чызг хуыссыди сынтæджы, йæ сызгъæрин дзыккутæ зæхмæ зæузæу кодтой. Æхсæртæджы ’рдæм разылд; уый уыди диссаджы рæсугъд чызг. Уæд Æхсæртæг бахудт йæ мидбылты фыр цинæй æмæ йæ зæнгойы хъусæй фелвæста чызджы туджы æртæхтæ зæлдаг кæл- мæрзæны тыхтæй æмæ сæ чызджы хъæдгомыл æрæвæрдта. Дзе- рассæ-рæсугъд уайтагъддæр адзæбæх: цы уыдис, уымæй авд ахæ- мы хуыздæр фестад. Фараст боны æмæ фараст æхсæвы фæбадтысты адæм Æх- сæртæг æмæ Донбеттыры чызджы чындзæхсæвы. Арвыл хур æмæ 9
мæйау фидыдтой иумæ Дзерассæ æмæ Æхсæртæг. Фæцардысты уым бирæ бонтæ æмæ къуыритæ. Уæд, дын, иу хатт Æхсæртæг Æхсары æрымысыд, æрæнкъард æмæ загъта: — Мæнæн ам цæрын нал æмбæлы,—æз хъуамæ сагурон ме ’фсымæры æмæ фæцæуон мæ хæдзармæ. Дзерассæ дæр ууыл сразы æмæ загъта: — Кæд дын хæдзар ис, уæд цæуылнæ цæуæм, — махæн ам бадын нал æмбæлы. Сæхи куы срæвдз кодтой фæндагмæ, уæд сæ дыууæ дæр стыр кæсæгтæ фестадысты æмæ рараст сты фурды1 бынæй фурды сæрмæ. Фурды былмæ куы рахæццæ сты, уæд та фæстæмæ феста- дысты лæг æмæ ус, фыццаджы хуызæн. Æхсар уæдмæ цуан кодта, фурды был тар хъæды сарæзта сырддзæрмттæй мусонг æмæ æнхъæлмæ касти йе ’фсымæрмæ. Уæд иу бон кæсы, æмæ денджыз урс фынк хæссы. Бацин кодта Æхсар, ме ’фсымæр.хъæлдзæгæй ссæуы, зæгъгæ, æмæ йæхи ны- мæры афæнд кодта: „Цон æмæ цуаны ауайон, кæд æмæ исты амарин йе ссыдмæ". Æмæ ацыди цуаны.
УЫРЫЗМÆДЖЫ ÆНÆНОМ ЛÆППУ ырызмæг æмæ Сатана сфæнд кодтой нартæн стыр куывд скæнын. Æрбасидын кодта фидиуæгмæ1 Уырызмæг æмæ йын загъта: — Цæугæ æмæ ныхъæр кæн нартыл: „Йæ бон цæуын кæмæн у, уый цæугæ ракæнæд, цæуын йæ бон кæмæн нæу, уый хæсгæ ракæнут, сывæллон кæмæн ис авдæны, уый та йæ авдæн йемæ рахæссæд,—Æхсæртæгтаты Уырызмæг куывд кæны æмæ уæ хоны!" Ацыди фидиуæг æмæ ныхъæр кодта, Уырызмæг ын куыд загъ- та, афтæ. Нарт уый куы фехъуыстой, уæд ныххæррæтт кодтой æмæ æрæмбырд сты Уырызмæджы хæдзармæ иууылдæр, стырæй чы- сылæй. Равæрдтой фынгтæ, æмæ нарт куывды æрбадтысты. Уæд куывды бадджытæн иу ахæмы сæ арт æрмынæг ис. Уы- рызмæг сыстад йæ бандонæй æмæ сугсæттæнмæ рацыди. Сугтæ æрбамбырд кæнынмæ куыд бавнæлдта, афтæ сау хохæй сау стыр цæргæс ратахти, Уырызмæджы йæ ныхты систа æмæ йæ дард, иу денджызы астæу, стыр дуры сæр æрæвæрдта. Куыннæ хъыг кодтаид Уырызмæг ахæм æнамонд хъуыддагыл! П
~ Бады дуры сæр æмæ алырдæм хъахъæны. -Куы æризæр,- уæд кæсы, æмæ донæй, иу дуры рæбынæй, рухс цæуы. „Цыдæриддæр уа, уæддæр ай циу, уый куы нæ баскарон, уæд нæ уыдзæни", ахъуыды кодта Уырызмæг æмæ дуры фæрсты йæхи доны ауагъта. Иу дуармæ ныфтыдис. Дуар бакодта. Йæ размæ рауад æртæ чызджы. — Æгас нæм æрцæуай, Уырызмæг,—загътой чызджытæ. Цинтæ йыл кæнынц, афтæмæй йæ бакодтой мидæмæ. Хæдзары бадти зæронд ус. — Фарн уæ хæдзары уæд!—загъта Уырызмæг. — Фæрнæйдзаг у æмæ нæм æгас цу! — дзуапп ын радта ус, æмæ йæ æрбадын кодта къæлæтджын бандоныл. Акæстытæ кодта Уырызмæг алырдæм. Тынг рæсугъд уыди хæдзар. Уый уыди фурдты æмæ денджызты хицау Донбеттыры хæдзар. Хæдзары хъазыд иу чысыл лæппу: куы иуы’рдæм азгъоры, куы иннæ’рдæм—йæ фезмæлдыл цæст нæ хæцы, афтæ рог. Уырыз- мæджы зæрдæ йæм бахъазыд æмæ йæм кæсгæйæ баззад. „Тæху- диаг у, ды кæй лæппу дæ!" загъта йæхи нымæры. — Цы хур, цы къæвда дæ æрхаста ацы бæстæм, мах рагæй дæр дæ фенынмæ куы бæллæм!—дзуры зæронд ус Уырызмæгмæ. Уый фæстæ Донбеттыртæ Уырызмæгæн кусарт акодтой.Уырыз- мæг дæр нарты æгъдаумæ гæсгæ базыг бакодта фæтæн кард — цирхъы фындзыл æмæ кувы. Куывд куы фæци, уæд дзуры лæп- пумæ: — Лæппу, рауай! Ацаход, мæ хур! Лæппу тагъд-тагъд базгъордта; Уырызмæгмæ куыд фæцæй хæццæ кодта, афтæ фæцудыдта æмæ размæ бахауди—цирхъ йæ зæрдæйы ауади. Æрхаудта лæппу, бацагъта йæ гæндзæхтæ æмæ амард. Фенкъард сты Уырызмæг дæр, бинонтæ дæр. Сабийы мард чызджытæ иннæ уатмæ ахастой. „Цæй æнамонд фæдæн ай? Ацы фыдбылыз та мæм кæцæй касти?" загъта йæхи нымæры Уырызмæг æмæ фынгмæ нал_æвналы. Уыцы æнкъардæй сыстадис Уырызмæг æмæ рацыд, ус æмæ чыз- джыты та æдзард сабийыл кæугæ ныууагъта. Фæстæмæ та схæццæ Уырызмæг, цæргæс æй цы дурыл æрæ- вæрдта, уымæ. Сау стыр цæргæс дæр та фæзынд, систа Уырыз- 12
мæджы йæ тыхджын йыхтæй, хæссынтæ йæ байдыдта æмæ йæ фæстæмæ сугсæттæны æрæвæрдта. Уым Уырызмæг сугтæ амбырд кодта йæ хъæбысы дзаг æмæ сæ æнкъардæй бахаста хæдзармæ. Нарт уæддæр бадынц куывды æмæ минас кæнынц. Æрбадтис йæ бынаты Уырызмæг æмæ дзуры куывды адæммæ: — Рагон таурæгъ уын ракæнон æви æрыгон? — Рагон таурæгъ ма фехъуыстаиккам, — загътой куывды адæм,—фæлæ нын æрыгон таурæгъ ракæн. — Хорз, уæдæ, — загъта Уырызмæг æмæ сын радзырдта, цы йыл æрцыд, уый. Сатана иннæ хатæнмæ уыцы уац куы айхъуыста, уæд фæ- лæбурдта йæ рустæм æмæ йæ дзыккутæм. Ныхъарæг кодта: — Ма мыл фæхудут, хорз адæм, ныббарут мын: иунæг су- сæг æвæрæн ма мын уыди мæ цæгат, Донбеттыртæм. Нæ йæ зыдта — балцы уыди, куы райгуырди, уæд. Фæлæ та йæ уым дæр ссардта æмæ йæ æдзардæй йæхи къухæй йæ разæй барвыста мæрд- тæм. Куыд ма цæрдзыстæм ныр? Сатана Донбеттырты чызг уыд, фæлæ йæ чысыл лæппу уыдон- мæ æмбæхст уыд, уый ничи зыдта. Адæм нынкъард сты æмæ сабыргай фæцыдысты сæ хæдзæрттæм. .V. Лй. * Донбеттыртæ лæппуйы мард баныгæдтой. Лæппу Мæрдты Бæсты бадти Барастыры2 уæрагыл. Хъуыдыгæнæг куы нæ уыди лæппуйы, уæд тыхсын æмæ æн- къард кæнын байдыдта. — Цæмæн æнкъард дæ, лæппу?—фæрсы йæ Барастыр. Уый йын загъта: —Цалдæр азы аивгъуыдта, Мæрдты Бæстæм куы ’рбацыдтæн, уæдæй нырмæ. Мæ фыд Уырызмæг ма æцæгæлон адæмы кой дæр кæны, фæлæ мæ кой нæ кæны. Барастыр, курын дæ, Мæрдты Бæстæй мæ ауадз, æмæ æз мæ фыдимæ балцы фæцæуон. Дзырд цын дæттын; балцæй куыддæр æрбаздæхон, афтæ фæстæмæ ар- дæм æмбæлдзынæн. Барастыр сразы ис. Лæппу йæ Аласайæн3 йæ цæфхæдтæ фæстæрдæм асагъта æмæ Мæрдты Бæстæй рафардæг ис. Йæ фæдыл иннæ мæрдтæ баз- мæлдысты æмæ дуармæ сарæзтой сæ ных. 13
— Кэедæм?—дуаргæс Амикон4 сæ фæрсы: — Мах дæр ам нал лæууæм, кæд æмæ искæмæн ардыг&й фæстæмæ фæндаг ис, уæд,—загътой мæрдтæ. — Æкæсут-ма фæдмæ,—зæгъы сын Аминон. Мæрдтæ æркастысты, æмæ фæд мидæджырдæм куы цыди, уæд та сæ алчи дæр æрынцад йæ бынаты. Уырызмæджы æнæном фырт Нарты хъæумæ бараст æмæ Æх- сæртæггаты зæронд хæдзармæ бадзырдта. Рацыд æм Сатана. — Уырызмæджы агурын, кæд æмæ хæстон балцы — стæры ахæттиккам иумæ. Æмхицхæрæн Бæрæг обауыл æм æнхъæлмæ кæсдзынæн,—загъта лæппу. Хæдзармæ баздæхти Сатана æмæ Уырызмæгæн загъта: — Лæгай, дуармæ дæ иу æнæнтыст лæппу, саргъы гоппæй зынгæ дæр нæ кæны, ахæм агуры æмæ дæ хоны стæры. Æмхиц- хæрæн Бæрæг обауыл, дам, æм æнхъæлмæ кæсдзынæн! — Тагъд мæ барæвдзытæ кæн балцмæ, не ’фсин. Сатанайы нæ фæндыд, Уырызмæг уыцы лæппуимæ стæры ацыдаид, уый. Куы æризæр, уæд скуывта: — Хуыцæутты хуыцау, авд азы дæргъы цы мит, цы къæвда æруаринаг у, уый ахсæв куыд æруара, стæй зилгæ дымгæ, тухгæ уад куыд сыста, ахæм хорз мын ракæн — кæд æмæ уыцы æнæн- тыст лæппу байсæфид æмæ нæ зæронд баззаид нæ хæдзары. Уайтагъд арв æрбахкæдта. Уарын байдыдта æмæ æхсæв- бонмæ ныууарыд æнусы цъити æмæ залты мит5, стæй сыстад зил- гæ дымгæ, тухгæ уад æмæ бæстæ хаста:хæдзарæй хæдзармæ акæ- сæн нал уыд. Уырызмæг уæддæр сæударæй саргъ авæрдта йæ хъулон бæх Æрфæныл æмæ араст ис. Миты лæгæрдгæ, тыхтæ- амæлттæй Æмхицхæрæн Бæрæг обаумæ куыд бахæстæг, афтæ кæсы, æмæ обау сау дары: обауыл хуыссы лæппу, йæ саргъ—йæ нывæрзæн, æфтаугæ — йæ быны, нымæт — йæ уæлæ, йæ алыварс авд мусуаты бæрц нæууæй цъæх лæууы, йæ Аласа та астæумæ кæрдæгыл хизы. „Цавæр диссаг у ай", загъта Уырызмæг йæхи нымæры. Уалынмæ бахæццæ обаумæ, лæппуйы уæлхъус æрурæдта йæ хъулон Æрфæны æмæ дзуры: — Цы фæдæ, лæппу, уæлæмæ! Фæндаг даргъ у, бон—цыбыр. Цæуын хъæуы. Лæппу фестади, арæвдзытæ кодта йæхи, бæхыл абадт, æмæ 14
фæцæуынц—разæй Уырызмæг йæ хъулон Æрфæныл, йæ фæстæ лæппу йæ Аласайыл. Цæуынц, цæуынц, зилгæ дымгæ, тухгæ уад нал æнцайы. Уырыз- мæджы хъулон Æрфæн мит фады йæ мæргъгæйæ6; хаттæй-хатт дзы афсæры йæ бырынчъытæ. Лæппуйы бæх йæ фæстæ сау зæх- хыл хизгæ цæуы. Æрфæны æууæлтæ хорз нал сты — фæллайын байдыдта. Уæд лæппу дзуры Уырызмæгмæ: — Цы фæнды худинаг фæуæд,—æз цæуын разæй, стæй кæс- дæрæн разæй ацæуын мауал уæд худинаг ардыгæй фæстæмæ! Куыддæр аразæй ис, афтæ мит авд мусуаты бæрц сау кодта йæ бæхы комы тæфæй, æмæ йæ фæстæ Уырызмæджы Æрфæн цыди саузæххыл. Ауадысты иу дзæвгар æмæ Уырызмæг дзуры: — Лæппу, кæдæм цæуæм? — Знаг бæстæ. ма дын цы ран ис, уырдæм мæ фæхон, — загъта лæппу. — Ахæм бæстæ ма мын бæргæ баззад — Терк-Турчы бæстæ. Уый хуызæн ма хъæздыг бæстæ уæвгæ дæр нæ уыдзæн: фысвос зæгъай, стурвос, бæх рæгъæуттæ—аздахын дæр сæ нæ фæразынц сæ гæстæ. Фæлæ æнцон нæу ныфс бахæссын уырдæм: ахизын æм хъæуы денджызыл, стæй, рæгъæуттæ, дзугтæ хъахъæнынц æфсæн уырс, æфсæндзых бирæгъ æмæ æфсæндзых хъæрццыгъа. — Уæдæ уырдæм дарæм нæ фæндаг, нæ амонд бавзарæм. Чи зоны, æмæ нæ къухы исты бафта,—загъта лæппу. Денджызы былмæ бахæццæ сты. Сæ бæхтæ фæцарæзтой ден- джызы. Доны кæсагау архайдтой бæхтæ, æмæ уайтагъд иннæ фарс фесты. Æрынцадысты денджызы был. Лæппу хорз цынадта йæ бæхы, стæй фелвæста æнæдон сасым æмæ йæ уымæй байсæрста, уый фæстæ йæ уырыл стулын кодта. Ноджы та йæ байсæрста сасы- мæй, хуырджыны йæ стулын кодта, æмæ Аласа хохы йас сси. Куыддæр Терк-Турчы рæгъæуттæм бахæццæ сты, афтæ æрхыз- тысты сæ бæхтæй. Лæппу скъахта дыууæ уæрмы, иу — йæхицæн, иннæ—Уырызмæгæн æд бæх, æмæ загъта: — Уырызмæг, ныртæккæ мæ бæх хæцын байдайдзæн æфсæн уырсимæ. Райдианы хæцдзысты зæвæтæй, æмæ сæ болат цæфхæд- тæ кæрæдзиуыл хойын куы сисой, уæд ахæм арт ссæудзæн, æмæ зæххы цъар судздзæни. Хъахъæн дæхи. Уæлæмæ ма скæсай: })ыдбылыз дыл сæмбæлдзæн. Уый фæстæ лæбурдзысты кæрæдзи- 15
мæ дæндагæй, армаццагæй хæцдзысты. Сæ комы тæфæй сыст- дзæн ахæм дымгæ, æмæ зæххы цъар уылынджы бæрц хæсдзæн. Фæдзæхсын дын: дæ бынатæй ма фезмæлай, кæннод дæ искуы- дæм фæхæсдзæн. Афон куы уа, уæд дæм зындзынæн. Хæцынæй нал ауæрдынц æфсæн уырс æмæ Аласа. Сæ болат цæфхæдты цæхæрæй ахæм арт сцырын ис, æмæ зæххы цъар судзы. Йæхи нал баурæдта Уырызмæг, скасти уæрмæй, æмæ схæцыдысты йæ даргъ зачъетæ. Лæппу йæм фæцарæхст, ахуыссын кодта зачъетæ æмæ загъта: — Амæй фæстæмæ афтæ уæд, æмæ ма дæ зачъетæй цæй бæрц баззад, уый дæргъæн зачъетæ куыд дарой адæм! Банцадысты æфсæн уырс æмæ Аласа зæвæтæй хæцынæй; бав- нæлдтой дæндагæй æмæ армаццагæй. Ракодта ахæм дымгæ, æмæ зæххы цъар уылынджы бæрц хаста. Нал та фæлæууыд Уырызмæг—йæ сæр сдардта уæрмæй, æмæ йын дымгæ йæ сæры кæхц айста æмæ йæ фæхæссы. — Гъе, мæ хисдæр æнæ сæры кæхцæй зайдзæн!—загъта лæп- пу æмæ сгæпп кодта уæрмæй. Сæры кæхц тулгæ-тулын рацахста. Уырызмæджы сæрыл æй æркодта æмæ дзуры: — Амæй фæстæмæ нартæн сæ сæры кæхцытæ сисгæ мауал уæнт! Уый размæ-иу нартæй алчи дæр систа йæ сæры кæхц, æр- ’ даста-иу æй æмæ та-иу æй фæстæмæ ныккодта. Бæхтæ хæцынæй нæма банцадысты, афтæ сыл æфсæндзых бирæгъ йæхи рауагъта. Лæппу йыл фат суагъта, æмæ,—дæ балгъи- тæг уыйау,—фæмарди бирæгъ. Лæппу йын йæ хъус слыг кодта æмæ йæ йæхимæ бафснайдта. Уалынджы æфсæндзых хъæрццыгъа дæр ратæхы; лæппу уымæ дæр фæцырд, фатæй йæ фехста, æмæ хъæрццыгъа йæ базыртæ батылдта. Уымæн дæр та лæппу ракъуырдта йæ сæр æмæ йæ афснайдта. Æфсæн уырс æмæ Аласа кæнынц сæ хæсты кой. Уырс фæ- лæбуры Аласамæ, æмæ йæ дзых айдзаг вæййы дур æмæ хуырæй. Фæстагмæ Аласайæн байдыдта тынгдæр æнтысын. Æфсæн уырс зæххы афсæрста йæ зонгуытæ. Лæппу баскъæфта йæ саргъ, уыцы хуызæнæй йæ авæрдта уырсыл æмæ йе рагъмæ багæпп кодта. — Цы фæдæ, Уырызмæг? Тагъд тæргæ Терк-Турчы рæгъæут- тæ, æз цæуон æмæ фехъусын кæнон сæ хицæуттæн! 16
Æфсæн уырсы базмæлын кодта æмæ Терк-Турчы дзыллæ куывды кæм бадтысты, уым балæууыди. Лæппу æрхызт æфсæн уырсæй. Бæхбæттæныл æй бафтыдта æмæ хисдæрты размæ бацыд. Фынгтыл рахаста йæ цæст. Систа æфсæндзых хъæрццыгъайы сæр æмæ æфсæндзых бирæгъы хъус. Сæр хисдæрты фынгмæ баппæрста, хъус — кæсдæрты размæ æмæ загъта: — Хисдæртæ, сæр хъуаг уыдыстут, æмæ уын мæнæ уый сæр. Сымахæн та, кæсдæртæ, мæнæ хъус, æгъдау куыд амоны, уымæ гæсгæ. Уæртæ уын, уæдæ, бæхбæттæны та уе ’фсæн уырс. Хорзау нал фесты æмбырды адæм. Лæппу рауади, æфсæн уырсыл абадт æмæ араст Уырызмæг- мæ. Хъæугæронмæ куы рахæццæ ис, уæд кæсы, æмæ урсхил зæ- ронд ус æхсæз обауы æхсæн бады æмæ радыгай обæуттæм кæуы, хъарджытæ сæм кæны. „Ай та цавæр диссаг уа?" загъта лæппу йæхи нымæры. Зæронд ус æм дзуры: — Æруай, мæ дзидзи мын дæ дзыхы акæн, фæдисæй тас нæу нырма: чи зоны, кæд срæвдз уыдзысты?! Фæлæ дæм кæй дзурын, уый дæм диссаг ма фæкæсæд. Авд фырты мын уыди, æмæ дзы æхсæзæй бавдæлон дæн, мæнæ дын адон сæ обæуттæ, — Мæрдты Бæстæм аивгъуыдтой знаджы къухæй, Терк-Турчы рæ- гъæутты фæстæ фæдисы уайгæйæ. Фæдис дæ сурдзæн. Мæ фырт уайдзæн сæ разæй, тыхсын дæ кæндзæн, фæлæ-иу ын мæн тых- хæй, сидзæргæс усы тыххæй, ныххатыр кæн, — мæ иунæг фæуæд це уазæг! Лæппу æфсæн уырсæй æргæпп кодта, бауад æмæ идæдз усы8 дзидзи акодта йæ дзыхы æмæ йын дзырд радта, нæртон лæджы 1зырд, йæ иунæг фыртæн ын кæй ницы кæндзæн, уый тыххæй. Зæронд ус бацамыдта лæппуйæн, йæ фырт цы хуызæн уыдзæн {зæдисы, уый. Лæппу та абадти æфсæн уырсыл æмæ тæргæбæхæй Уырыз- *æджы цур фестад. Денджызы сæ фосы конд баскъæрдтой æмæ шнæ фарс фесты. Фæцæуынц, æмæ сæ мæнæ иу барæг æрбай- (афы. — Цæугæ, Уырызмæг, ды фос скъæр, фæдисимæ мæхæдæг (стæмæйты архайдзынæн, — загъта лæппу. Барæг фестад йæ уæлхъус. 19
— Гъæ, куыдзæй чи райгуырд, уыцы куыдз, — дзуры ба- рæг. — Кæй фос фæтæрыс, кæ?—Æмæ лæппуйы фæрсты фæттæ бындзытау тæхын байдыдтой. — Дзырд радтон дæ мадæн, йæ дзидзи йын мæ дзыхы ба- кодтон, мад дзы загътон, — ма мæ хъыгдар, ауадз мæ мæ фæн- дагыл, — дзуры йæм фæстæмæ лæппу. Фæдисон коммæ нæ бакаст. Æгæр-æгæр куы стыхсын кодта лæппуйы, уæд уый дæр фат суагъта, æмæ фæдисонæн дарæсæй буары æхсæн суад, бæхæй йæ айста æмæ йæ зæхмæ нывдызта. Схæц-схæц ма бæргæ фæкодта фатыл фæдисон, фæлæ йын фат змæлын дæр нал бакуымдта. Фæ- дис æй уыцы хуызæнæй æрбаййæфтой. Уыдон дæр фæцархайдтой фатыл, фæлæ йын сæфтауынæн ницы бафæрæзтой. Уæд ын кар- дæй ныллыг кодтой йæ дарæс æмæ йæ афтæмæй суæгъд код- той. Хæцын байдыдтой фæдисонтæ лæппуимæ. Лæппу сæ æрдæг фæкодта. Чи ма сæ баззад, уыдон фæстæмæ аздæхтысты. Уырызмæг æмæ лæппу фос æрбатардтой Нартмæ. Æрурæд- той сæ уарæн фæзы. Æмæ лæппу дзуры Уырызмæгмæ: — Ды хисдæр дæ, æмæ хъуамæ фос ды байуарай! — Æз сæ нæ байуардзынæн: фос дæ руаджы æрбатардтам,— загъта Уырызмæг. Уæд лæппу иу урс гал рахицæн кодта, иннæ фос æртæ дихы акодта æмæ загъта: — Мæнæ дын уый дæ хисдæрæггаг, иннæ дын æмбалы хай, æртыккаг та дын мæхи хай; ацы галæй та мæнæн мæ афæдзы кæнд ахицæн кæ. Бирæ адæмы фæхыгътай ды мæрдтæм дæр, æрмæст мæ ном — дæ фырты ном, дæхи къухæй мæрдтæм чи бацыд, уый ном ницæмæй ссардтай.—Уый фæстæ йæ Аласайыл абадт, хæрзбон загъта Уырызмæгæн æмæ фæрасти Мæрдты Бæстæм. Уырызмæг йæ цæсты сыг æрызгъæлдта æмæ йæм фæсте хъæр кæны: — Иу каст ма мæм уæддæр фæкæн! Лæппу йæм нал фæкаст, мæ рæстæг нал у, зæгъгæ. Уырызмæг рæгъау аскъæрдта æмæ Нартмæ куы æрхæццæ, уæд Сатанамæ дзуры: — Уæ, не ’фсин, ды йæ цинæй кæмæн цардтæ æмæ йæуын- дæй кæмæн нæ бафсæстæ, уыцы лæппуимæ дын уыдтæн æз хæтæны! Сатана Уырызмæджы уым фæуагъта, афтæмæй лæппуйы су- 20
рынтæ байдыдта, æмæ йæм куы бахæстæг, уæд æм хъæр кæны: — Уæ, кæй цинæй цардтæн æмæ кæй уындæй нæ бафсæстæн, дæ уынд мын ма бахæлæг кæн, дæ цæсгом ма мæм фездах! Лæппу йæм фæстæмæ нæ фæзылди, фæлæ йæм рахъæр кодта: — Рæстæг мын нал ис, мæрдты Барастырæн дзырд радтон. Ме ’мгъуыд ахицæн. Хур фæныгуылы, æмæ мæ Аминон мæрдтæм нал бауадздзæн. Уæд Сатана скуывта: — Хуыцæутты хуыцау, мæхи хуыцау! Кæд ды мады зæрдæйы кæсын зоныс, уæд ма хæхтыл дыдзы хур æрбакæсын кæн! Æмæ уæд хæхтыл дыдзы хур æрбакасти. Уалынджы бахæццæ ис лæппу мæрдты дуармæ æмæ дуаргæс Аминонмæ бахъæр кодта:—Дуар бакæн! — Афон нал у, хур аныгуылди, — радзырдта йæм дуаргæс. — Нырма раджы у, хæхтыл хур кæсы, — дзуры та лæппу. Аминон дуар бакодта. Лæппу, мидæмæ бахизон, зæгъгæ, куыд загъта, афтæ иу здæхт фæкодта Сатанамæ. Сатана йын йæ фæч- читæ æмæ йæ цæсгом иу уынд акодта æмæ лæппуйыл йæ къух- дарæн фехста. Кзухд арæн лæппуйæн йæ къухыл абадти, æмæ йæ йемæ мæрдтæм бахаста. Уым та Барастыры уæрагыл сбадти. Сатана дæр фæстæмæ раздæхт, æмæ уыцы урс галæй сæ лæппуйы æрæмысыдысты, иннæ фос байуæрстой нарты мæгуыртæн.
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ СОХЪЫР УÆЙЫГ ^ГГСТГ У хатт та ^ыРызмæг УЫДИ балцы. Уыцы рсгстæджы Æр- || щ \ тæ Нарты фæсивæд æрæмбырд сты Нарты Ныхасы æмæ <^^й1 тæрхон кæнын байдыдтой, цымæ нæ лæг хуыздæр, ус хуыз- дæр чи уыдзæн, зæгъгæ. Æппын чи ницæмæн бæззыд, уый дæр-иу загъта: „Æз уæ хуыздæр дæн!" Куы нæ фидыдтой, уæд сын Сатана афтæ зæгъы: — Уæртæ зæронд Къармæгонмæ бацæут æмæ йæ бафæрсут. Уый уын раиртасдзæн уæ хуыздæры æмæ уæ фыддæры. Фæцыдысты Къармæгонмæ æмæ йæ æрбахуыдтой Ныхасмæ. — Къармæгон, зæгъ нын, нарты æхсæн лæг хуыздæр, ус хуыздæр чи у? Къармæгон сыл йæ цæст ахаста æмæ загъта: — Хорз адæм стут, тыхджын адæм стут, уæ къухы бафтæд хорздзинæдтæ, фæлæ уæм кæсын, æмæ уæ хуыздæртæ ам не сты. — Чи сты уæддæр нæ хуыздæртæ, уый нын зæгъ! — ныллæу- уыдысты нарты фæсивæд. — Лæг хуыздæр — Уырызмæг, ус хуыздæр та — Сатана, — загъта сын Къармæгон, куы нал æй уагътой, уæд. 22
Нарты хъалтæ бафхæрдтой зæронд усы, афтæ кæй загъта, уый тыххæй. Дыккаг бон Уырызмæг æрцыди балцæй, æмæ йын Сатана хъаст кæны: — Знон Æртæ Нарты фæсивæд Къармæгоны æрбахуыдтой æмæ йæ бафхæрдтой. Уырызмæг фæдзырдта фидиуæгмæ æмæ йын загъта: — Цæугæ æмæ ныхъæр кæн Æртæ Нартыл, æз Сау хохыл не знаг — уæйыджы фос федтон. Лæг чи у, уый рацæуæд мемæ уыцы фос æрыскъæрынмæ, фæстаг бон афтæ ,куыд ничи зæгъа, æз дзы цæуылнæ фæдæн, зæгъгæ. Фидиуæг дæр ацыд æмæ Æртæ Нартыл ныхъæр кодта, Уы- рызмæг ын куыд загъта, афтæ. Араст сты Æртæ Нарты фæсивæд, Уырызмæг сæ разæй, афтæмæй. Æхсæв-бонмæ уарын байдыдта. Ныууарыди ахæм мит, æмæ æппындæр азмæлæн нал уыди. Нарты адæм сæ цыды кой кæнынц уæддæр. Урс денджызы былтыл сæ ахуыдта Уырызмæг. Сау ден- джызы былтыл сæ уæлæмæ схуыдта, æмæ сæ ничи схæццæ ис Сау хохмæ: фæндæгтыл баззадысты æмæ ма тыхтæй-амæлттæй сæ хæдзæрттæ ссардтой. Иунæгаей ссыд Уырызмæг Сау хохы сæрмæ. Кæсы, æмæ фо- сæн нæй гæс, никуы зыны сæ бынат дæр. Уыимæ, фос уыдысты æнахуыр фос: фыстæ—уæнгуыты йæстæ, сæ цæу та—теуайы йас. К^ь! æризæр, уæд фос рацыдысты, стыр цæу сæ разæй, афтæ- мæй. Уалынмæ кæсы, æмæ иу стыр лæгæтмæ бацыдысты. Уырыз- мæг дæр сæ фæстæ бацыди лæгæтмæ. Куыддæр фос фæмидæгæй сты æмæ æрынцадысты, афтæ Сохъыр Уæйыг æрбацыди æхсит- тытæ гæнгæ, йæ уæхскыл та—æд къала бæлас1. Бæлас зæххыл ^ньщцавта, æмæ лыстæг пырх ныццис. Уырызмæг уæйыджы куы ауыдта, уæд фæтарсти, фæлæ ма йын цы гæнæн уыд! Йæхи фæ- хъæбатыр кодта æмæ йæм дзуры: — Де’зæр хорз! — Æгас цу, хæххон дзигло!2—дзуапп ын радта уæйыг.—Цы хуыцау дæ æрхаста ардæм? — Хæтæг лæг3 дæн æмæ ардæм æрбафтыдтæн,—загъта Уы- рызмæг. Уæйыг иу стыр къæй лæгæты дуарыл æрбафæлдæхта, йæхæ- 23
дæг арт скодта, фыс æрбаргæвста, дыууæ ’мбисы йæ акодта æмæ йæ афтæмæй уæларт аджы бафтыдта4. Цалынмæ уый фыхтис, уæдмæ уæйыг йæхи арты фарсмæ уæлгоммæ ауагъта, æмæ йæ хуырхуыр ссыди. Æхсæвæр куы сцæттæ, уæд та райхъал уæ- йыг, сыстад, аг райста уæлартæй æмæ фысæн йæ иу æрдæг йæ- хицæн æрæвæрдта, иннæ ’рдæг Уырызмæгæн, афтæмæй йæм дзуры: — Ахæр, уазæг! Бахордтой æхсæвæр, уæдæ цы, æмæ йын Уырызмæг арфæ ракодта. Райсомæй раджы уæйыг лæгæты дуары къæй рафæлдæхта, йæхæдæг дуарыл хæлиу ныллæууыд æмæ дзуры цæумæ: — Бодзо, аскъæр фос, дзæбæх сæ фæхиз æмæ сæ изæры бæ- рæг нымадæй æрыскъæр. Фос йæ сагæхты ’хсæнты рауагъта, сæ разæй дынджыр цæу, афтæмæй, æмæ сæ банымадта. Иууылдæр куы феттæдуар сты, уæд йæхæдæг дæр рацыд æмæ та къæй фæстæмæ лæгæты дуа- рыл бафæлдæхта. Уырызмæг мидæгæй баззади, бон-изæрмæ фæ- цархайдта къæй рафæлдахыныл, фæлæ йын змæлын дæр нæ ба- куымдта. Куы баизæр, уæд уæйыг йæ фосимæ æрбацыди, лæгæты дуа- ры къæй рафæлдæхта, фос мидæмæ бауагъта æмæ^та-къæй дуа- рыл æрбафæлдæхта. — Уазæг иу æхсæв уазæг вæййы,—дзуры уæйыг Уырызмæг- мæ. —Ахсæв æхсæвæр кæнын дæ бар у, æмæ нын æхсæвæр куУ/- скæнай, афтæ! — Æмæ дын цæмæй скæнон æхсæвæр, нæ зонын,—загъта Уырызмæг. — Уæдæ йæ æз зонын,—загъта уæйыг, æмæ райста хæд-зил- гæ дыкъухыг уæхст, Уырызмæгæн æй цæрдудæй йæ дыууæ ^-уæ- раджы стъыста æмæ йæ арты фарсмæ æрсагъта, йæхæдæг, ца- лынмæ уый физонæг кæна, уæдмæ аулæфон, зæгъгæ, йæхи уæл- гоммæ ауагъта æмæ уайтагъд йæ хуырхуыр ссыд. Уæйыг афынæй, зæгъгæ, Уырызмæг уый куы базыдта, уæд йæ къах тъæрмæ—къо- найы дурмæ фæбыцæу кодта, йæ къухтæй -та уæларт рæхысыл фæхæст, афтæмæй æрдæгарыдтытæй йæхи тыхтæй-амæлттæй уæхстæй рафтыдта. Стæй уæхст сырх зынг скодта æмæ йæ аф- тæмæй фьшæй уæйыджы дзæбæх цæсты ацавта. 24
Ныхъæр кодта уæйыг, фестад æмæ Уырызмæджы агуры. Фæлæ кæм! Нæ йæ æрцахста. Уæйыг куы бафæллад, уæд æрса- быр æмæ лæгъзæй дзуры Уырызмæгмæ: — Ныр мæнæн уæддæр цард фенæн нал ис- Фæлæ мæ тых æмæ мæ амонд сты мæнæ ацы къухдарæны, æмæ йæ дæ къухыл куы бакæнай, уæд дæу фæуыдзысты.—Уыцы ныхæстимæ уæйыг аппæрста къухдарæн зæхмæ. Уырызмæг дæр цингæнгæ къухдарæн зæххæй фелвæста, йе ’нгуылдзыл æй акодта. Къухдарæн „мæнæ и!" „мæнæ и!" хъæр кæнын байдыдта. Уæйыг дæр багæпп кодта æмæ Уырызмæджы иуы’рдæм сургæ, иннæ’рдæм сургæ. Уый дæр йæ разæй лæгæты къуымты ралидз-балидз систа. Къухдарæн уæддæр „мæнæ и!и „мæнæ и!" кæны. Уырызмæг фæрæт фелвæста, йе’нгуылдз къодахыл авæрдта æмæ йæ фæрæтæй æркъуырдта,—дæ фыдгул афтæ,—æнгуылдз йæ рæбыныл атæхын кодта, йæхæдæг та лидзынмæ фæци. Æнгуылдзыл та къухдарæн уæддæр „мæнæ и!" „мæнæ и!" кæны, æппындæр не’нцайы. Уæйыг æнгуылдзмæ бауади, къода- хыл фæхæст æмæ йæ фæнык фестын кодта, стæй фелвæста æн- гуылдз æмæ йæ фыр мæстæй æд къухдарæн йæ дзыхы бап- пæрста. Йæ бон куы базыдта, уæд ныссабыр уæйыг æмæ дзуры Уы- рызмæгмæ: — Додой мын дæ сæр кæны, кæдæм мын ирвæздзынæ, ар- дыгæй дæ æттæмæ цæуын дæр нæ хъæудзæн? Байдыдта хъуыды кæнын Уырызмæг, уæдæ цы амалæй аир- вæзон ацы фыдбылызæй, зæгъгæ, æмæ та йын æрхъуыды кодта хиндзинад. Уæйыг куы ныффынæй, уæд Уырызмæг Бодзо-цæуы æрбар- гæвста æмæ йын йæ царм æнæхъæн куыд уыдаид, афтæмæй астыгъта—мæхæлыстыгъд æй акодта. Йæ сыкъатæ дæр ын йæ цармыл ныууагъта. Уырызмæ’г сæумæрайсом цæудзарм йæ уæлæ æркодта. Уæ- йыг дæр та фос хизынмæ уадзын афон лæгæты дуар байгом кодта, хæлиу та ныллæууыди дуарыл æмæ дзуры цæумæ: — Рацу, Бодзо, дæ фæхъау фæуон, аскъæр та хизынмæ дæ фос æмæ та сæ изæры афоныл фæстæмæ бæрæг нымадæй æрыскъæр! 27
Уырызмæг дæр цæудзармы мидæг фосы разæй рараст. Уæйыг дæр æй уырзæй бæргæ æрыскæрста, фæлæ йæ нæ базыдта, афтæ- мæй уæйыджы сагæхты æхсæнты феттæдуар. Иннæ фос дæр Уы- рызмæджы фæдыл кæрæдзийы фæстæ рарæгъ сты. Банымадта сæ уæйыг. Фос иууылдæр куы феттæдуар сты, уæд Уырызмæг цæу дзарм аппæрста æмæ фæстæмæ уæйыгмæ бадзырдта: — Гъе ныр уым „Бодзо!" „Бодзо!" кæн, куырм хæрæг! Ацы фосæй ды цы ницыуал фенай, де’ннæ фæллойæ дæр æндæр ма- цыуал фен! Куырм уæйыг дæр ма бæргæ рагæпп кодта, фæлæ йæ фыр мæстæй, лæгæты раз был ис, уый нал ахъуыды кодта, асхъиудта уырдыгæй æмæ хохы бын ныххæррæгъ. Уырызмæг уæйыджы фосы дзуг йæ разæй ракодта æмæ йæ æртардта нарты стыр хъæумæ. Фæсидти, уыцы бон йемæ чи ра- цыдис, уыдонмæ. Æрбахонын кодта Къармæгоны дæр. Нарты адæм æрæмбырд сты . æмæ фос уарын байдыдтой. Уырызмæг дзы иу хай уæлдай скодта. Хæйттæ исын байдыдтой нарты фæсивæд. Иу хай ма дзы баззади уæлдай. Æмæ Уырызмæг дзуры Къармæгонмæ: — Мæнæ дæуæн дæр хай, Къармæгон, кæй дæ бафхæрдтой, уый тыххæй. Къармæгон дæр райста хай æмæ нарты фæсивæдмæ дзуры: — Гъе, нæ уын загътон, уæ хуыздæр Уырызмæг у, зæгъгæ. Басастысты нарты хъал фæсивæд дæр, Уырызмæг æцæг сæ хуыздæр кæй у, ууыл. Сатанайы кой нал скодтой, уымæн æмæ нарт сеппæт дæр зыдтой, Сатана сылгоймæгты хуыздæр кæй у, уый.
УЫРЫЗМÆДЖЫ ФÆСТАГ БАЛЦ ынг базæронд нарты Уырызмæг. Басаст йæ тых. Нал цыди стæры1, нал æй фарстой зондæй нарты фæсивæд. Райсо- мæй-иу рацыди Ныхасмæ æмæ-иу йæ бон уым арвыста адæммæ хъусгæйæ. Каст-иу, куыд æхстой фатæй нарты фæсивæд, æмæ-иу æрлæууыдысты йæ лæпиуйы бонтæ йæ зæрдыл. Иу изæр та æнкъардæй бацыд Уырызмæг йæ хæдзармæ. „Гъæй джиди, искуы ма иу хатт нарты адæмæн феххуыс кæн", загъта йæхи нымæр Уырызмæг. Иу дзæвгар ахъуыды кодта æмæ рацыди нарты стыр Ныхасмæ. Ныхасы бадтысты нарты фæ- сивæд. Уырызмæг сæм дзуры: ^ — Мæ чысылæй мæ зæронды бонмæ уын мæ зонд никуы бахæлæг кодтон. Ныр базæронд дæн, æмæ уын мæ зæронд сæр фыдæбоны йеттæмæ ницæмæнуал бæззы, мæнæй уын ницыуал пай- да ис. Райсом мын стыр, æнгом чырын саразут, уым мæ нывæ- рут æмæ мæ фурды баппарут: мæнæн нарты уæлмæрдты нæй ныгæнæн. Нарт худинагыл нымадтой хæдзары амæлын æнцад бадгæйæ. Фæсивæдæй иутæ загътой: „Нæ зондамонæг Уырызмæг нæ уæле куы нæ уа, уæд цæрынæн ницы бакæндзыстæм". Ин- нæтæ загътой: „Базæронд ис æмæ нæ ницæмæнуал хъæуы". Фæ- 29
лæ йын уæддæр йæ фæнд сæххæст кæныныл не сразы сты, йæ коммæ нæ бакастысты. Уæд та сæм рацыд Уырызмæг дыккаг изæр дæр æмæ та сын загъта: — Цæмæн мæ фыдæбонæй марут? Саразут мын чырын æмæ мæ фурды баппарут. Гæнæн куы нæуал уыд, уæд сразы сты фæсивæд æмæ æр- тыккаг бон сарæзтой егъау чырын æмæ йæ фурды былмæ ных- хастой, цæвæрдтой дзы Уырызмæджы, цæвæрдтой йын йемæ хæ- ринаг дæр къуыриваг. Чырын æнгом сæхкæдтой æмæ йæ афтæ- мæй фурды баппæрстой. Фурд чырыны йæ сæрыл систа æмæ йæ ^ласынтæ байдыдта. Цас æй фæласта, чи зоны, фæлæ йæ иу æхсæв Саденджызы2 ’лдары бæхты дондарæны кæронмæ раппæрста. Райсомæй æлдары æххуырстытæ бæхтæ раскъæрдтой дон да- рынмæ. Бæхтæ донмæ æмгæрон нал цæуынц: ныххуыррыт кæнынц æмæ фæстæмæ лидзынмæ фæвæййынц. Ай цы уа, зæгъгæ, бацы- дысты æххуырстытæ хæстæгдæр. Кæсынц, æмæ дондарæны чырын. Раппæрстой чырын былмæ, сæппæрстой йын йæ сæр æмæ уы- нынц—чырыны хуыссы зæронд лæг кæрцы мидæг. Фæджих сты æххуырстытæ: „Циу ай, цавæр диссаг у, цы йæ æрхаста?!" Æмæ фæрсынц Уырызмæджы: — Цы дæ, цавæр дæ? — Æз дæн нарты Уырызмæг. Базæронд дæн, мæ цардæй сфæлмæцыдтæн æмæ мæхи доны баппарын кодтон, —дзуапп сын радта Уырызмæг. Æххуырстытæй иу азгъордта æлдармæ æмæ йæм дзуры: — Дæ фыдæхæй фесæфон, æлдар, дæхи базонынæй нырмæ æрцахсынмæ кæмæ бæллыдтæ, уый ныр бафтыд дæ къухы — нарты Уырызмæг! Æлдар фæхъæр кодта йæ лæккадгæнджытæм: — Ныртæккæ йæ ардæм куыд ракæнат, афтæ! Уырызмæджы скодтой æлдармæ. Бацин кодта æлдар, Уырыз- мæг йæ къухы кæй бафтыдис, ууыл. Йæ къухтæ æмæ йын йæ къæхтыл стыр къуыдыртæ3 бабас- той æмæ йæ афтæмæй акодтой мæсыгмæ. Мæсыг сæхкæдтой, 30
æрмæст ма дзы, к&рдзын кэецæй лæвæрдтаиккой, ахæм хуынкъ ныууагътой. Чысыл рæстæг рацыди, бирæ рæстæг, чи зоны, фæлæ Уы- рызмæг бады мæсыджы. Хъуыды кæнын байдыдта, уæдæ цы ба- кæнон æмæ куыд бакæнон, зæгъгæ, æмæ æрхъуыды кодта. Иу бон куы уыд, уæд та йын кæрдзын балæвæрдтой, æмæ кæрдзын- дзаумæ дзуры: — Уе’лдар цæй æдылы у!.. Ам, мæсыджы, амæлдзынæн, уы- мæй йыл цы бафтдзæн? Уый бæсты ахæсты аргъ4 æркурæд. Кæрдзындзау бацыди æлдармæ æмæ зæгъы: — Дæ фыдæхæй фесæфон, нæ хорз æлдар, нæ ахæст5 дис- сæгтæ дзуры: уе’лдар, зæгъы, цæй æдылы у! Æз, зæгъы, ам амæлдзынæн, уымæй йыл цы бафтдзæн? Фæлтау, зæгъы, ахæсты аргъ æркурæд. — Ацæут, йæ къуыдыртæ йын рафтаут æмæ йæ ардæм ра- кæнут,— радзырдта æлдар. Ацыдысты лæккадгæнджытæ, Уырызмæджы къæхтæ æмæ къух- тæй къуыдыртæ рафтыдтой æмæ йæ æлдармæ æрбакодтой. — Гъы, нарты Уырызмæг, цы мын бафиддзынæ ахæсты аргъ- мæ? —фæрсы йæ æлдар. — Нарт куы базоной, сæ хисдæр удæгас у æмæ ахæсты ис, зæгъгæ, уый, уæд сæ фæллойыл æппындæр нæ бацауæрддзысты. Мæхи бирæ фæллой цæуыл нæ аххæссой, æртæ ахæмы нарт ратт- дзысты. — Уæддæр мын цы бафидинаг дæ?—фæрсы та йæ æлдар. — Кæд мæ фиддæн дæ зæрдæмæ фæцæуа, уæд дын куыннæ бафиддзынæн: сæдæ сæдæ иусион галтæ, сæдæ сæдæ дысионтæ, сæдæ сæдæ æртысионтæ, сæдæ сæдæ цыппæрсионтæ, сæдæ сæдæ фæндзсионтæ6. Æлдарæн æхсызгон куыннæ уыдаид!—Арвит Нартмæ,—загъ- та Уырызмæгæн. — Уæдæ мын иу саухил æмæ иу бурхил лæг ратт, мæ дзырд мын чи фæхæццæ кæна Нартмæ æмæ сын ардæм фæндаг чи ба- цамона, ахæмтæ, — загъта Уырызмæг. Æлдар арвыста, æмæ йын æрбакодтой дыууæ лæджы: сæ иу уыди саухил, иннæ та—бурхил. Бацамыдта уыдонæн Уырызмæг фæндаг Нарты бæстæм æмæ сын загъта: 31
— Ацæут æмæ зæгъут нартæн: „Уырызмæг Саденджызы æл- дары къухты бахауд æмæ йын рарвитут ахæсты аргъ: сæдæ сæ- дæ иусион галтæ, сæдæ сæдæ дысионтæ, сæдæ сæдæ æртысион- тæ, сæдæ сæдæ цыппæрсионтæ, сæдæ сæдæ та фæндзсионтæ. Сау галы æмæ сын бур галы сæ разæй скæнут, фæндагамонæг. Кæд уын раст фæндагыл нæ цæуой, уæд-иу сау галы сæр ракæнут æмæ-иу æй бур галы æфцæджы бафтаут, æмæ уын уый уæд фæндагыл цæудзæни раст. Саухил лæг æмæ бурхил лæг араст сты Нарты бæстæм. Би- рæ фæцыдысты, чысыл фæцыдысты, чи зоны, фæлæ иу изæрыгон бахæццæ сты Нартмæ. Нарт бадынц Ныхасы. — Уе’зæр хорз уæд!—загътой бæлццæттæ. — Хорзæй цæрат, хорз уазджытæ!—загътой нарт.— Цы хур, цы къæвда уæ æрхаста, ацы бæстаг куы нæ стут? — Хорз адæм,—загътой уазджытæ,— мах стæм Саденджызы æлдары бæстаг. Нарты Уырызмæг бахауди не’лдары къухты. Æл- дар дзы æрцагуырдта ахæсты аргъ. Уырызмæг сразы æмæ нæ рарвыста ардæм ахæсты аргъмæ. Уырызмæг æгас у, зæгъгæ, уый нарт куы фехъуыстой, уæд сын тынг æхсызгон куыннæ уыдаид! Æмæ фæрсынц уазджыты: — Гъе, уæ рын бахæрæм, хорз уазджытæ, цы фиддæн æр- цагуырдта уе’лдар Уырызмæгæй? Уазджытæ дзуапп радтой: — Уырызмæг нын загъта: „Рарвитут мын ахæсты аргъ: сæдæ сæдæ иусион галтæ, сæдæ сæдæ дысионтæ, сæдæ сæдæ æрты- сионтæ, сæдæ сæдæ цыппæрсионтæ, сæдæ сæдæ та фæндзсионтæ". Ноджыдæр ма нын загъта: „Сау галы æмæ-иу сын бур галы сæ разæй скæнут фæндагамонæг, æмæ уын фæндагыл раст куы нæ цæуой, уæд-иу сау галы сæр ракæнут æмæ-иу æй бур галы ’фцæ- джы бафтаут, æмæ уын уæд фæндаг раст амондзæн". Нарт уазджыты акодтой æхсæвиуат кæнынмæ. Сæхуыдтæг сфæнд кодтой Сатанайы бафæрсын. Сатана та уыди тæккæ зонд- джындæр сылгоймаг. Бацыдысты йæм æмæ йын загътой: — Уырызмæг нæм Саденджызы æлдары бæстæй æрæрвыста ахæсты аргъмæ: иусион галтæм, дысионтæм, æртысионтæм, цып- пæрсионтæм æмæ фæндзсионтæм. Гъа, иусион галтæ ма ссардзыс- тæм, дыссионтæн сæ иугай сыкъатæ асæттдзыстæм, афтæмæй. 32
Дысионтæ нæм бирæ ис. Фæлæ æртысионтæ, цыппæрсионтæ æмæ фæндзсионтæ кæцæй æркæнæм, ахæм галты кой хъусгæ дæр куы никуы фæкодтам? Сатана бамбæрста, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый, йæ дзыхы дзаг ныххудтис æмæ сын зæгъы: — Уыцы зæронд лæг уын куы нæ уа, уæд фесæфдзыстут! Уе знагыл уын æрхæцынмæ хъавы æмæ уæ хонгæ дæр уымæн кæны: иусион галтæ хоны фистæг æфсад, дысион галтæ — бæх- джын æфсад, æртысионтæ — æрцджын7 æфсад, цыппæрсионтæ — згъæрджын8 æфсад, фæндзсионтæ та—алцьГппæт хæцæнгæрзтæй æххæст æфсад. — Æмæ уæдæ, сау галы сæр ракæнут æмæ йæ бур галы æф- цæджы бафтаут, зæгъгæ, уый та цы у?—фæрсынц æй адæм. — Уый та амоны уый, æмæ æфсадæй куы ацæуат, уæд сау- хил лæг æмæ бурхил лæджы уæ разæй скæндзыстут, цæмæй уын фæндаг амоной. Уыдон уый бæрц æфсад куы феной, уæд фæндагыл раст нал цæудзысты, ракæ-бакæ кæндзысты, æмæ-иу уæд саухил лæджы сæр ралыг кæнут, бурхилы æфцæджы-иу æй бафтаут, æмæ уын уæд фæндаг раст амондзæн. Нарты фæсивæд æртæ бонмæ æфсад сцæттæ кодтой. Саухил æмæ бурхилы сæ разæй акодтой æмæ араст сты Саденджызы æл- дары бæстæм. Дзæвгар куы ацыдысты, уæд саухил æмæ бурхил загътой, адон хинæйдзаг æфсад сты,— не ’лцары нын ныппырх кæндзысты,—зæгъгæ, æмæ сын фæндаг раст нал амыдтой: куы-иу чердæм ацыдысты, куы чердæм. Нарты æфсад саухил лæджы сæр ралыг кодтой æмæ йæ бур- хилы æфцæджы бафтыдтой. Бурхил дæр уæд йæхицæн марынæй старст æмæ фæндагыл раст цæуыныл ныллæууыди. Уырызмæг зыдта нарты æфсæдтæн сæ ныццæуын афон, æмæ иу бон куы уыд, уæд загъта æлдарæн: — Цом-ма, мæсыджы сæрæй акæсæм, кæд, мийаг, æрбазын- дысты дæ фос. Схызтысты мæсыджы сæрмæ æмæ кæсынц уырдыгæй: быды- ры кæрон, дардæй, æрбазынди сау æндæрг. Уырызмæг базыдта, нарт кæй æрхæццæ сты, уый, æмæ дзу- ры æлдармæ: — Гъе, гъе, дæлæ дын ахæсты аргъ æрбаскъæрынц, фæлæ, дæ къухы цыдæриддæр æфсад ис, уыдон куыд арвитай сæ размæ, 35
афтæ. Æрмæст хæцæнгарз мачи ахæссæд йемæ, кæннод уыдон ахæм знæт фосы мыккаг сты, æмæ куыддæриддæр хæцæнгарз феной, афтæ ныппырх уыдзысты æмæ фæлидздзысты—дæ къухы дзы иу дæр нал бафтдзæн, æмæ уæд æз аххосджын нæ уыдзынæн. Æлдар арвыста нарты æфсæдты размæ, цыдæриддæр æм æфсæдтæ уыд, уыдон, æмæ сын загъта: „Чидæриддæр уæ йемæ уис æмæ лæдзæджы йеттæмæ хæцæнгарз ахæсса, уыдон ныц- цæгъддзынæн!" Æлдары æфсæдтæ нарты æфсæдтæм куы бахæццæ сты æмæ сæ куы ауыдтой, уæд хорзау нал фесты. Нарты æфсæдтæ уым æлдары æфсæдты бынтондæр ныц- цагътой. Уырызмæг куы баэыдта, æлдары æфсæдтæ фæцагъды сты, зæгъгæ, уæд æлдарæн йе’хсæрфарсæн иу цъыкк нылласта æмæ йын загъта: — Ды Уырызмæджы марынмæ хъавыдтæ?! Дзæгъæлы дæм не’рбахаудтæн! Акæс-ма дæлæ де ’фсадмæ, уым дын сæ куыйты цагъд ныккæнын кодтон!—йæхæдæг ын йæ къабазыл фæхæцыд æмæ йæ разыввытт кодта мæсыджы сæрæй. Нарты æфсæдтæ бацыдысты æмæ Уырызмæджы куы федтой, уæд ыл тынг фæцин кодтой. Уырызмæг сын загъта: — Мæ зæронд сæр уын куы нæ уа, уæд уæ халон йæ ахстонмæ фæхæсдзæни. Афтæ басастой нарт се знаг Саденджызы æлдары.
СОСЛАН ÆМÆ ТАРЫ ФЫРТТÆ Шартыл ныккодта фыд зымæг: æруарыди залты мит—тынг арф мит. Сæ фосæн бахæринаг нал уыд. Катайы бацыдыс- ,^-1 ты, нæ фос цæмæй аирвæзын кæнæм, зæгъгæ. Дзырдтой: нæ бæхтæ куы фæцагъды уой, уæд æнæбæх лæг æнæбазыртæ маргъæй уæлдай куы нæ у. Иу бон æрæмбырд сты лæгæвзæрстæй се стыр хæдзармæ æмæ уынаффæ кæнынц, кæдæм фескъæрой сæ фос, ууыл. Дзурынц Уырызмæгмæ: — Ды бирæ фæхаттæ, зоныс бæстæтæ иууылдæр,— чи зоны, ахæм бæстæ фехъуыстаис, зымæг мит кæм нæ вæййы. — Ахæм бæстæ бæргæ зонын, — загъта Уырызмæг, — ден- джызы был Тары фыртты бæстæ: зымæг дзы кæрдæг уæрагмæ вæййы, йæ кæрдæг та—астымгæрдæг-къуыстымхал1. Фæлæ зын бауæндæн у уырдæм фос аскъæрын. Дыууæ æфсымæры сты уы- дон—Мукара æмæ Бибыц. Сæ иуæй куы аирвæзой нæ фос, уæд дæр иннæмæй нæ аирвæздзысты. — Æндæр гæнæн нæй: нæ фос уырдæм фескъæрæм, —загъ- той нарты æвзæрст лæгтæ, фæлæ сæ чи аскъæрдзæни, чи разыы- дзæн ахæм ныфс æмæ ахæм хъаруйы хицау? Хæлттæ сæппæрстой, фосгæс чи ацæуа, ууыл. Æмæ схауди Сосланы хал. 37
Барæвдз кодта Сослан йæхи, уæдæ цы уыдаид! Райсомæй раджы ахъæр кодта нарты рæгъæуттыл æмæ сæ аскъæрдта Тары фыртты бæстæм хизынмæ. Цас сæ фескъæрдта, чи зоны, фæлæ куы ныххæццæ, уæд фос хизын байдыдта денджызы был астæу- мæ кæрдæгыл. Йæхицæн иу обауыл сарæзта мусонг. Рæгъæутты- иу ауагъта хизынмæ, йæхæдæг-иу мусонджы сбадт æмæ-иу зар- джытæ кодта. Хъæздыг уыдысты Тары фырттæ, Мукара æмæ Бибыц: сæ зæххæн кæрон нæ уыди, сæ фос нымæц. нæ зыдта, сæ къухы уыди бирæ адæм; дардыл хъуыстгонд уыди сæ кой. Иу бон Мукарайæн загътой: — Тары фырт Мукара, дæ зæххыл, кæрон сын цæй, уый бæрц рæгъæуттæ хизы! Йæ бæхыл саргъ авæрын кодта Тары фырт Мукара æмæ арасти тыхгæнджыты бæрæггæнæг. Куы схæццæ Сосланмæ,уæд хъæр кæны æрвнæрæгау: — Уый чи куыдз, чи хæрæг дæ: мæнæй арв нæрын куы нæ уæнды, мæ зæххы сæрты уари атæхын куы нæ уæнды, мæлдзыг ыл алæсын куы нæ уæнды, уæд уыцы тыхджын чи у, æмæ йæ фос ардæм скъæрын чи æрбауæндыд? Йæ хъæрæй рæгъау æрæмбырд вæййынц. Сыстад Сослан йæ бынатæй æмæ дзуры Мукарамæ: — Ныббар мын! Æз æххуырст лæг дæн—мæн аххос нæу! — Чи дæ, кæй æххуырст дæ?—фæрсы йæ Мукара. — Нарты фосгæс дæн; сæ фос сыдæй мардысты, æмæ мæ ацы дард бæстæм рарвыстой. — Хатыр дын фæуæд, фæлæ дæ цæмæй бафæрсон, уымæн мын æнæгæды дзуапп куыд раттай, афтæ. — Цы зонон,—зæгъдзынæн, —дзуапп радта Сослан. — Нарты Сосланы кой арæх цæуы. Нæ йæ зоныс, цымæ? — Куыннæ йæ зонын! — загъта Сослан. — Зæгъ-ма, уæдæ, цы хъару йæм ис, йæ нæртон хъæзтытæ цытæ сты? — Хъару та йæм куыннæ ис!—загъта Сослан. — Йæ хъæзтытæй йын цы федтай, уыдон мын радзур,— загъта Мукара,— æмæ сæ бафæлварон: кæд сæ бафæразон, уæд дæ æд фос бахæрдзынæн, кæннод—фæстæмæ аздæхдзынæн. Сослан ахъуыды кодта æмæ загъта Мукарайæн: 38
— Тынг хорз нæ, фæлæ йын сæ чысылтæ зонын. Иу хъазт æм ахæм ис: нарты фæсивæды тыхджындæртæ сæ цирхътæ2 сцыргъ кæнынц саудурыл, æрду сыл куы афу кæнынц, уæд фæлыг вæййы, Сослан йæ бæрзæй къуыдырыл æрæвæры, æмæ йæ уыдон сæ тых-сæ бонæй цæвынц, фæлæ дзы æрду æмæ æрдæг дæр нæ алыг кæнынц. — Уæдæ ды дæр атæппæт рæгъæуттæ кæм хизыс, уым æнæ хъару нæ уыдзынæ. Дæ цирхъ дæр æвзæр нæ уыдзæн. Ацу, сцыргъ æй кæн æмæ йæ бафæлвар мæ бæрзæйыл,—дзуры Мукара. - — Хорз,—загъта Сослан æмæ худгæ ацыди. Цыргъ кæнын байдыдта йæ цирхъ Сослан, æнæ уый дæр ын цыргъ куыннæ уыдаид! Стæй йæ саудурыл сдаудта, æмæ афтæ сцыргъ, æмæ йыл æрду куы афу кодта, уæд æрду дыууæ дихы фæци. Фыр цинæй хурмæ худы, мæймæ кафы Сослан, ныртæккæ Мукарайы сæр ахауын кæндзынæн, зæгъгæ. Æрæвæрдта йæ бæрзæй Мукара тулдз къуыдырыл æмæ сдзырдта Сосланмæ. — Ауæрдгæ ма бакæн, цæв дæ тыхæй! Цонгуæзæй ныццавта Сослан Мукарайы бæрзæй йæ цирхъæй, фæлæ нард сырх бæрзæйæ иунæг æрду дæр нæ алыг кодта— фæстæмæ фесхъиудта цирхъ, йæ комæй къæртт фæхауд, афтæмæй. — Ай ницы хъазт у, —загъта Мукара.—Æндæр хъазт ницы ис Сосланмæ? — Иу хъазт та йæм ахæм ис: йæ дзых ныххæлиу кæны æмæ йын нарты фæсивæд йæ хъæлæсмæ фат æхсын байдайынц, фæлæ уый фæттæ фæстæмæ æрдæгæууылдтытæй йæ дзыхæй ракалы. — Бафæлварæм уыцы хъазт дæр,—загъта Мукара, —æз мæ дзых схæлиу кæндзынæн, ды мын мæ хъæлæсмæ фатæй æхс. Сослан райста йе ’рдын æмæ байдыдта Мукарайы дзыхмæ фатæй æхсын. Мукара фæттæ аууилы æмæ сæ æрдæгæууылдты- тæй ракалы йæ дзыхæй. — Ницы хъазт у ай дæр! Бацамон мын йæ хуыздæр хъæзты- тæ,—загъта Мукара. — Ис Сосланмæ ахæм хъазт: йæ цирхъ ныссадзы, йæ фистон бынмæ, йæ цыргъ уæлæмæ, афтæмæй, стæй бæрзонд хохмæ ссæуы æмæ уырдыгæй цирхъыл йæхи раппары æмæ йыл ныззилы, æмæ йын мур дæр ницы вæййы, хъуыды дæр æй не ’ркæны. 39
чМукара дæр йæ кард хохы рæбын ныссагъта, йæ фистон бынмæ, йæ цыргъ уæлæмæ, йæхæдæг хохы сæрмæ ссыд, уырды- гæй йыл йæхи раппæрста дæлгоммæ æмæ йæ бырынкъыл цъилау ныззылди,— цъæррæмыхст дæр нæ фæци. — Уый дæр æнцон хъазт у,—загъта Мукара. — Ис æм ахæм хъазт дæр Сосланмæ: нарты тыхджындæрты хохы сæрмæ сæрвиты, æмæ йыл уырдыгæй хохы йас дуртæ рату- лынц;.уый дуртæм бынæй йæ ных бадары, æмæ йæ ныхыл ныф- фæнык вæййынц. — Цу, уæдæ, хохы сæрмæ ссу æмæ уырдыгæй ратул стыр дуртæ,—дзуры Мукара Сосланмæ.—Æз сæм бынæй мæ ных бада- рон, кæддæра цы уаид! Арасти Сослан бæрзонд хохы сæрмæ. Мукара йæм фæсте кæсы æмæ йын йæ зылын къæхтæ ауыдта. Фæгуырысхо, кæд, мийаг, Сослан йæхæдæг у—зылынкъах æй хонынц, зæгъгæ. Си- ста æрдын, фат дзы авæрдта, æмæ йæ, гъа, ныр суадзон, куыд загъта, афтæ йæ фæстæмæ æруагъта, кæд, мийаг, Сослан нæу. Нарт зæгъдзысты, Сосланæн йæхимæ не ’рбауæндыд, фæлæ æх- хуырсты амардта, зæгъгæ. Амæй ай стырдæр дуртæ тулын байдыдта Сослан, бон сау изæрмæ сæ фæтылдта. Тары фырт Мукара дæр сæм бынæй йæ ных дары, æмæ йыл дуртæ куы сæмбæлынц, уæд фæнык фестынц. Ныхъæр ласта Тары фырт Сосланмæ: — Уæ, нарты æххуырст, дæхи фыдæбонæй мауал мар: адо- нæй мын æхсæнчъы хæст тыхдæр кæны. —Мæ хæдзар фехæлд, —загъта Сослан,—куы мæ базона, уæд мæ хæрдзæн.—Æрцыд æм дæлæмæ. — Ницыуал дзы зоныс Сосланы хъæзтытæй?—фæрсы йæ Мукара. — Гъей, дæ рын бахæрон, æмæ уый хъæзтытæ кæд фæ- уыдзысты, Мукара!—дзуапп радта Сослан.—Дынджыр уæрм скъа- хын кæны. Уыцы уæрммæ денджызæй дон рауадзынц. Сослан уыцы уæрмы ныллæсы, æмæ йыл уæле пыхс уæд, дур уæд, хъæд уæд—ныккалынц. Уый фæстæ Сослан скувы хуыцаумæ, афæдзæй- афæдзмæ цы уазал кæныс, уый ацы æртæ боньг куыд ныккæна, зæгъгæ. Афтæмæй дзы фæбады иннабонæй-иннабонмæ. Хорз куы ныйих вæййы дон, уæд ыл Сослан схæцы, сисы их æмæ йæ Нарты хъæумæ бахæссы, уым ыл нарты фæсивæд хъулæй фæхъазынц. 40
— Æнæ бавзаргæ нæй уыцы хъазтæн дæр,—загъта Мукара. Денджызмæ хæстæг стыр уæрм скъахтой æмæ йæм дон ауагътой. Мукара ныххызт уыцы уæрммæ æмæ йыл Сослан уæле калын байдыдта, цыдæриддæр ардта, уыдон —хъæд, пыхс, дур. Уæрм куы байдзаг, уæд дыууæйæ дæр скуывтой: „Ие, хуы- цау, афæдзæй-афæдзмæ цы уазал кæныс, уый ацы æртæ боны ныккæн". Уайтагъд рауазал кодта, æмæ мал ныйих ис. Бады уæрмы Мукара дæр, æнхъæлмæ кæсы, кæд ын зæгъдзæн нарты фосгæс, уæлæмæ схиз, зæгъгæ. Хорз куы ныйих, уæд æм Сослан хъæр кæны: — Схæц гъе ныр! Схæцыди Мукара, æмæ нæ фæразы их стонын. — Ау, Сосланæн ахæмтæ куы ницы сты?—дзуры йæм Сослан. Тары фырт Мукара ноджыдæр схæцыди; тыхтæй-амæлттæй йæ сæр фæуæле, фæлæ уæхсчытæ нал скуымдтой. — У, дæ хорзæхæй, нарты æххуырст, скъах мæ, ницы ба- кæндзынæн мæхæдæг,—лæгъстæ кæны Мукара. — Ныртæккæ, ныртæккæ!—дзуры йæм Сослан, йæхæдæг æм цирхъ фелвæста.—Æз нарты Сослан кæй дæн, уый нæ зоныс? Хъаруйæ дæуыйас тыхджын нæ дæн,—дæуæй тыхджындæр зæх- хыл нæй, фæлæ уый бæрц та зондæй тыхджындæр дæн æмæ дæ их æмæ дурты бын ныккодтон. — Гъæ, кæлæнгæнæджы фырт!—дзуры йæм Тары фырт Му- кара.—Уæлæ хохы сæрмæ куы фæцæйцыдтæ, уæд дыл бæргæ фæдызæрдыг дæн. Ныр ма дын цы кæнон! Æндæр тых мæм налис. Сослан йæ цирхъæй æрцафта Мукарайы. Фæлæ цирхъ цæ- хæртæ акалы, хæцгæ йыл нæ кæны. — Дæ хорзæхæй, фыдæбонæй мæ ма мар. Мæхи сæрдасæ- нæй мын мæ сæр куы нæ ракæнай, уæд мæнæн æндæр мæлæт ницæмæй ис. Ацу, æрбахæсс æй æмæ-иу æй ихы сæрты рауадз, уый мын йæхæдæг мæ сæр акъуырдзæн. Сослан чабадт йæ бæхыл æмæ ацыди Мукарайы хæдзармæ сæрдасæн хæссынмæ. Къæсæры цурмæ куы бахæццæ, уæд хъуыды кæны, уый хуымæтæджы сæрдасæн нæ уыдзæн, уымæй мын цы- дæр хин аразынмæ хъавы, зæгъгæ. Фелвæрта дынджыр хъæды лыггаг æмæ афтæмæй фæцæуы. Куыддæр хъæды лыггаг дуарæй
бадардта, афтæ уæлкъæсæрæй сæрдасæн уыцы иу тæррæст рала- ста æмæ хъæды лыггаджы цæхкæрмæ дыууæ фæкодта, йæхæдæг зæххы абадти. Сослан сæрдасæн систа æмæ йæ рахаста йемæ. Куы ’рбахæц- цæ, уæд æм Мукара дзуры: — Гъæй, дæ бон ныккалай, Сослан, æнхъæлдæн уымæй дæр та раирвæзтæ! Бацыд æм хæстæг Сослан æмæ йæм дзуры: — Дæуæн дæ тых куыд у, афтæ ма дæ зонд дæр куы уыдаид, уæд дын тыхгæнæг тых не ссардтаид. — Иу дзырды бар ма мын ратт фæстагмæ,—зæгъы Мукара.— Зондджын дæ Сослан, фæлæ тых хъуаг дæ; æз куы амæлон, уæд- иу мын мæ астæумагъз слас æмæ-иу дзы дæхицæн рон скæн, æмæ уæд мæ хъару æгасæй дæр дæу уыдзæн. Сослан сæрдасæн ихыл ауагъта, æмæ Мукарайæн йæ сæр акъуырдта; стæй йын йæ астæумагъзыл галтæ сифтыгъта æмæ йын æй сласта. Астæумагъз мæ астæуыл æрбабæттон, куыд загъта, афтæ та ахъуыды кодта, уымæн йæ астæумагъз дæр хуымæтæджы магъз нæ уыдзæн, æндæр истæуыл уал æй афæл- варын хъæуы, зæгъгæ. Ахаста астæумагъз хъæдмæ æмæ йæ тæрс бæласыл æрбаба- ста—бæлас цæхкæрмæ фæлыг, хырхæй фæлыггæнæгау. Дыккаг бæласыл æй æрбатыхта—ахауын кодта уый дæр. Афтæ аст бæ- ласы ахауын кодта Мукарайы астæумагъз. Фарæстæмыл æй куы ’рбатыхта, уæд ма йын йæ цъар чысыл фæуыгард кодта, уымæн æмæ йæ хъару асаст. Тых дзы куы нæуал уыди астæумагъзыз уæд æй Сослан дæр йæ астæуыл æрбабаста. Бады та Сослан, хизы йæ фос. Цас рацыдаид, чи зоны, фæ- лæ та иу бон кæсы, æмæ та уалынмæ æрбазындис æндæр барæг. „Уый уыдзæн Тары дыккаг фырт Бибыц, — хъуыды кæны нарты фосгæс—Иуæй дзы фервæзтæн, фæлæ ма амæн та цы кæнон?" Барæг куы ’рбахæццæ, уæд æрвнæрæгау фæхъæр кодта уый дæр Сосланыл: — Чи куыдз, чи хæрæг дæ, махæн нæ бæстыл мæлдзыг алæ- сын куы нæ уæнды, маргъ йæ сæрты атæхын, уæд ды цæй дом- бай дæ, куыд æрыскъæрдтай дæ фос ардæм? — Æз цæй домбай дæн, дæ рын бахæрон, цæй домбай! Æз дæн нарты Сосланы æххуырст. 42
— Уæдæ ме’фсымæр Мукарайы, ам нæ федтай? — Куыннæ йæ федтон! — Æмæ цы фæци? — Нарты Сосланы хъæзтытæ мын бацамон, зæгъгæ, мæ нал уагъта. Æз дæр ын сæ фæцамыдтон. Уый их йæ сæрыл систа æмæ йæ Нартмæ афардæг кодта. — Дæ хуыцауы тыххæй, уæдæ ма дзы мæнæн дæр бацамон Сосланы хъæзтытæй,—нартæн сæ кой рагæй хъусæм. — Уыйас дæр дæ хъæуæд; сæ бацамонын дын мæ быгъ- дуан, —загъта Сослан. — Цæй-ма, уæдæ. — Сосланæн йæ фосимæ ис дыууæ цъæх фыры. Сæ астæу æрлæууы æмæ сæм зæрдæйы дзæбæхæн йæ сæр бадары. Уыдон æй дыууæрдыгæй хойынц сæ сыкъатæй, æмæ куы бафæллайынц, уæд уый йæ цæсгом æрсæрфы æмæ фæзæгъы: „Офф, офф, æр- цардтæн!" — Æмæ, уæдæ, кæм сты уыцы дыууæ цъæх фыры?—фæрсы йæ Бибыц. — Бацамондзынæн дын сæ,—загъта Сослан. Бахуыдта йæ дыууæ фырмæ. Фырытæ уыдысты галты йæстæ. Сæ астæу æрлæууыдис Бибыц æмæ сæм бадардта йæ сæр. Хæцын байдыдтой фырытæ æмæ йæ бон-изæрмæ фæхостой. Изæ- ры, фырытæ куы бафæлладысты, уæд Бибыц загъта: „Ай æцæг хорз хъазт куы уц, а^мæ офф, офф, зæгъгæ, йæ цæсгом асæрфта. — Уæдæ ма æндæр цы хъæзтытæ фæкæны Сослан?—фæрсы та йæ Бибыц. — Хохы бын æрцытæ фидар æрсадзы, йæхæдæг хохы сæрмæ ссæуы æмæ уырдыгæй ракафы айнæгыл; айнæгæй йæхи разыввытт кæны æмæ хохы рæбын æрцытæм йæ сæр æрхæссы æмæ сыл хъен ныллæууы. — Кæс-ма, уæдæ, мæнмæ дæр, — загъта Бибыц, æмæ бæрзонд хохы рæбын цъæх æрцытæ фидар æрсагъта. Иæхæдæг хохы сæр- мæ ссыди æмæ уырдыгæй ракафыд, айнæгæй йæхи ныззыввытт кодта, æрцытыл йæ сæрыл хъен ныллæууыд æмæ йæ къæхтæй æмдзæгъд кæнын райдыдта. — Куыд дæм фæкасти мæ хъазт? Бирæ хуыздæр ма мæ уыдзæн Сослан? — Ой, мæ хур акæнай! Уый хъаруйæн кæрон нæй,— загъта 43
Сослан.—Дыууадæс цæдæй дойнаг дуртæ æрæфтауц кæны, сæдæ цæдæй та суг æрæввонг кæны, стæй дуртыл бандзары æмæ сæм сæдæ куынцæй фæдымы. Дуртæ тынг куы стæвд вæййынц, уæд ын сæ йæ дзыхмæ æппарынц; уый сæ аныхъуыры æмæ сæ фæс- тæмæ ратутæ кæны. — Бафæлварæм та уыцы хъазт дæр!—загъта Бибыц. Аифтыгътой нарты галтæй, æмæ дыууадæс цæдæй дойнаг дуртæ денджызы былмæ æрæфтауц кодтой, сæдæ цæдæй та суг æрластой. Бандзæрстой дуртыл æмæ сæдæ куынцæй дымын бай- дыдтой. Дуртæ куы стæвд сты, уæд сæ йæ дзыхы æппарын бай- дыдта Бибыц, æмæ та-иу сæ фæстæмæ рату кодта. Куы фесты, уæд ныуулæфыди æмæ загъта: — Ай хъазтæн бæззы,—мæ хуылф батæвд. Гъе ныр ма мын бацамон йæ зындæр хъазт, æз уый дæр бафæлварон. — Денджызы ныххизы Сослан æмæ дзы слæууы, йæ сæр ма куыд зына, афтæ. Уæле йыл ныккалынц, цъыхырыйæ, хъæдæй, дурæй цы ссарынц, уый. Стæй скувы Сослан: „Хуыцæутты хуы- цау, мæхи хуыцау, ахæм хъызт скæн, æмæ сывæллон æттæмæ бадгæйæ сигæ куыд кæна, цыхцырæг та—ихын цæджындз!" Ден- джыз ныйих вæййы, æмæ Сослан их йе уæхсчытыл сисы. — Нæй мын æнæ бавзаргæ ацы хъазт дæр, — загъта Бибыц, .æмæ денджызы бацыд, æрмæст ма йæ сæр зынд, афтæ. Сослан ыл калын байдыдта, пыхсæй, дурæй, хъæдæй цыдæ- риддæр ардта, уыдон. Стæй скуывта: „Хуыцæутты хуыцау, мæхи хуыцау, ахæм хъызт скæн, æмæ сывæллон æттæмæ бадгæйæ си- гæ куыд кæна, цыхцырæг та—ихын цæджындз!" Нартæн сæ куывд цæуаг уыд: ахæм хъызт ракодта, æмæ денджыз айнæг их ныцци. Иу къуыри фæбадти Бибыц денджы- зы, стæй йæм Сослан дзуры: — Рацу ныр,—æгъгъæд у. Схæцыди Бибыц æмæ, цыма ницы уыд, уыйау их стыдта æмæ йæ хид калгæ денджызæй рацыд. „Оххай, оххай! амæй æнцонтыл нал аирвæздзынæн,—хъуыды кæны йæхи нымæры Сослан,— æнæ сæфгæ нын нал ис фосæй, лæгæй". — Гъе ныр ма мын Сосланы хæтæнтæ дæр бацамон, — дзу- ры Бибыц, денджызæй куы рацыд, уæд. — Хорз,—загъта Сослан,—æз мæ фос фæстæмæ, Нартмæ, 44
куы скъæрон,уæд мæ фæдыл цу, æмæ дын Сосланы хæтæнтæ дæр бацамондзынæн. Уалынмæ уалдзæг дæр æрцыди. Сослан йæ фосы рæгъау æр- батардта бæрæгæй—æххæстæй сæхимæ. Нарт сæ фос хæрзхастæй, бæрæгæй куы федтой, уæд ныц- цин кодтой. Алчи йæ фос аскъæрдта йæ хæдзармæ. Сослан дæр бацыди сæхимæ, бандоныл йæхи мæсты уагъд æркодта,— бандон дæр йæ быны ныкъæскъæс кодта. Базыдта та Сатана, Сослан йæ гаччы кæй нæй,. уый, æмæ йæм дзуры: — Куыд мæсты бадт æркодтай, дæ фосы рæгъау бæрæгæй куы ’рбацыдысты, æмæ дæ Нарт хорзыл куы банымадтой, уæд? — Фосы мæт мæ нал ис,—загъта Сослан,—Тары дыууæ фыр- тимæ зондæй фæхæцыдтæн: Мукарайы амардтон, йæ астæумагъ- зæй ма йын мæхицæн рон дæр скодтон, фæлæ Бибыцыл цæмæй не сфæлвæрдтон, уæддæр ын мæ бон ницы баци; ахæм у, æмæ йын тыхгæнæг тых не ссардзæн. Ныр æй мæ фæдыл ардæм хъæуы. — Æппындæр дзы ма тæрс, æз дын ын схос кæндзынæн, — дзуапп радта Сатана. Цас абадтысты, чи зоны, фæлæ уалынмæ Бибыц дæр схæц- цæ æмæ дуарæй бахъæр кодта. Сатана йæм рауад æмæ йын æгас нæм цу, уазæг, зæгъгæ, æгъдау радта. Сатана фæстæмæ фез- дæхт æмæ Сосланмæ дзуры: — Ды дæхи ма равдис, мæ бар æй бауадз! Хæдзары фæсдуар уыдис уæрм. Сосланы уырдæм ныххизын кодта æмæ йын загъта: — Гъе ныр-иу мæм уырдыгæй дзæбæх хъус. Йæхæдæг дуармæ ауади æмæ Бибыцы хæдзармæ æрбакодта, къæлæтджын бандоныл æй æрбадын кодта. Уайтагъддæр хæрд, нозт ацæттæ кодта æмæ йын дзаг фынг йæ разы авæрдта. — Сосланы агурын, æхсызгон мæ хъæуы,— загъта Бибыц.— Бынаты ис æви нæй? — Сосланы дæр тагъд ардæм хъæуы,—далæ дард бæсты нар- ты фосæн гæс уыди, нырма ныр схæццæ ис, æмæ йыл фæсивæд цинтæ кæнынц, фæлæ уал ды исты ахæр; дард балцæй æрцыдтæ æмæ фæллад уыдзынæ. 47
Сатана йæм нуазæн авæрдта æмæ йæ фæрсы: — Уазæг, дæ тых, дæ ныфс æмæ дæ уд кæм сты, уый мын зæгъ. ч — Æмæ сæ цы кæныс?—фæрсы йæ Бибыц. — Цы сæ кæнын, цы,—акувон сæм. Нæртон куывд афтæ у, æндæр хуыцаумæ нæ кувынц. Уæд Бибыц загъта: — Мæ тых, мæ ныфс æмæ мæ уд сты дæлæ цæджындзы. Сатана цæджындзæн хъæбыстæ кæнынмæ фæци. Уæд æдо Бибыц дзуры: — Уым цы агурынц мæ тых, мæ ныфс æмæ мæ уд?! — Уæдæ дын кæм сты?—фæрсы йæ Сатана. — Мæнæ къонайы дуры,—загъта Бибыц. Сатана бауади къонайы дурмæ æмæ йæ сæрфтытæ кæны. — Мæ тых, мæ ныфс æмæ мæ уд уым не сты, нæ,— дзуры та йæм Бибыц. — Уый та куыд, уазæг, æз дæ зæрдиагæй фæрсын, ды та мæ расай-басай кæныс!—дзуры йæм тызмæгæй Сатана. Уæд баууæндыди Бибыц Сатанайыл æмæ загъта: — Хорз, уæдæ дын сæ зæгъдзынæн æцæг: мæнæн мæ тых, мæ ныфс æмæ мæ уд сты хохы фидары, Бур айнæджы сæр. Уым болат лагъзы мидæг ис æртæ бæлоны. Уыдонæй иу у мæ тых, дыккаг—мæ ныфс, æртыккаг та у—мæ уд. — Ау, æмæ сын фенæн нæй?—фæрсы йæ Сатана. — Куыннæ сын ис фенæн та! Мæнæ мæ кард дуарæй куы авдисай, уæд сæ цурмæ тæлм адардзæн. — Хорз, хорз,— загъта Сатана æмæ акуывта, стæй йæм дзуры: — Гъе ныр исты аминас кæн. Бибыц хæрыныл балæууыди,— стонг дæр куыннæ уыдаид! Сатана йын сусæгæй ронджы нуазæныл хуыссæджы хос нык- кодта æмæ йын æй афтæмæй баназын кодта. Хæрд куыддæр фæ- ци Бибыц, афтæ хуыссæджы хос дæр йæ куыст байдыдта,— Би- быц уайтагъд афынæй. Сатана йын сласта йæ кард æмæ Сосла- ны уæрмæй схизын кодта. Феттæдуар сты æмæ Бибыцы кард адардтой хурьГрдæм. Кард Бур айнæджы сæр лагъзы комкоммæ арвы ронау тæлм адардта. Сослан уыцы тæлмыл æрмахуыр хъæрццыгъайы ацардыдта 48
æмæ хъæрццыгъа уайтагъд лагъзы æрхæццæ кодта. Бибыц уæд- дæр хуыррыттæй хуыссы. Сослан лагъз байгом кодта æмæ æртæ бæлоны уырдыгæй систа. Йæхæдæг йæ хъæлæсы дзаг дуарæй бахъæр кодта: — Чи куыдз, чи хæрæг, мæ хæдзары чи цы агуры?! Бибыц фестъæлфыд æ-мæ æвиппайды рабадти. Сослан ын йæ тыхы бæлонæн йæ къубал сыскъуыдта. Ныдздзойдзой кодта Би- быц æмæ йæ цонджы æнцой æрхуыссыд. Дыккаг хъæр æм бакодта Сослан: — Чи цы агуры мæ хæдзары, ратте уæд! Бибыц дæр ма йæхиуыл схæцыди, фæлæ йын Сослан йæ ныф- сы бæлонæн йæ къубал сыскъуыдта. Базыдта Бибыц фийауы, æмæ ныккæрзыдта: — Базыдтон дæ ныр—ды Сослан дæ! Зондæй мыл фæтых дæ æмæ ма дын цы мæ бон у! Æвæццæгæн мын мæ хисдæр æфсы- мæры дæр ды барвыстай мæрдтæм! Уалынмæ та йæм Сослан æртыккаг хъæр бакодта: — Чи куыдз, чи хæрæг, æртæ хъæрæн мæнæн мæ разы куы никуы ничи фæлæууы! Бибыц йæхи нызмæлын кодта, фæлæ йын Сослан йæ уды бæлонæн йæ къубал сыскъуыдта. Æртæ хæлиуы ма йæ дзых фæкодта Тары фырт Бибыц, стæй уæд амарди. Равзæрста Сослан нарты фæсивæды хуыздæрты æмæ сæ акодта йемæ Тары фыртты бæстæм. Ратардтой нарт Тары фырттæн сæ фос, рахастой сын сæ хъæздыгдзинæдтæ æмæ сæ Æртæ Нартыл байуæрстой.
НАРТЫ БАЛЦ арты Уырызмæг, Хæмыц, Сослан, Батрадз æмæ иннæтæ сфæнд кодтой дард балцы ацæуын. Уæд иу бон араст сты. Куыддæр хъæуæй ахызтысты, афтæ æрхъуыды код- той: „Гъей джиди, Сырдон дæр ма немæ куы уаид, — дард балцы цæугæйæ хъæлдзæг лæг у". Уæд кæсдæртæй иу загъта: — Ам мæм куы фæлæууиккат, уæд æй æз ныртæккæ ракæнин. — Фæлæудзыстæм, — загътой йын, — æ’рмæст тагъд цу æмæ фæстæмæ дæр тагъд фездæх. Лæппу фæстæмæ йæ бæх фæзылдта æмæ Сырдоны хæдзары дуармæ балæууыд æмæ мидæмæ дзуры: — Йе, Сырдон, æттæмæ ракæс, кæд ам дæ, уæд! — Мæнæ дæн, — радзырдта Сырдон, æттæмæ йæм рауад æмæ йæ бафарста: — Гъы, цы хорздзинад зæгъдзынæ? — Нарты хæрзтæ хæтæны фæцæуынц, æмæ ды дæр семæ куы уаис, уый сæ фæнды. Уæд Сырдон бакатай кодта æмæ афтæ зæгъы: — Цæмæй ацæуон семæ, бæх мын куы нæ ис, уæд? — Ау, уый та куыд загътай, Сырдон? Мах бæхтæ бæхтæне, сты, уæдæ ма кæсдæртæ цæмæн стæм?Кæм ды — фистæг, мах — 50
бæхджын, кæм мах - бæхджын* ды — фистæг, афтæмæй цæу- дзыстæм. — Хорз, — загъта Сырдон, йæ фæччитæ æрбатымбыл кодта æмæ фистæгæй арасти нарты фæстæ. Сырдон баййæфта нарты хуыздæрты æмæ дыууæ, боны сæ фæдыл фистæгæй куы фæцыд, уæд сæ бафарста: — Цæй-ма, нарт, бæхыл хæссинаг мæ куы уыдыстут, æмæ мæ куы ничи хæссы. Фиста!!гæй цæуын куы нæуал фæразын, уæд мын цы зæгъынмæ хъавут? Уырызмæг ын загъта дзуаппæн: — Бæх кæй хъæуы, уый йæ хъуамæ йæ хæдзарæй ралас- таид, уый йеттæмæ ам дæуæн чи загъта, бæхыл дæ хæсдзыстæм, зæгъгæ? — Мæнæ мын уæ кæсдæр загъта, — фæкодта Сырдон, йæхи мидæг мæсты кæнгæйæ. Ныр нарт, рæсугъд уалдзыгон цъæх кæр- дæгыл саргъы бæхтыл хъазгæ, сæ цыды кой кæнынц æмæ мæстæй- марынц Сырдоны: чи йын йæ худ аскъæфы, чи — йæ лæдзæг, чи та йæ" цуры бæхыл схъазы. Сырдон дæр йæхи нымæры дзуры: „Фæ- лæуут, æз уын бафиддзынæн ацы мæстæймарын!" — Цæй-ма, бæхыл дæ хæсдзыстæм, мын куы загътат, уæд куыд у хъуыддаг? — бафарста та Сырдон. Уæд ын, чи йæ рахуыдта, уыцы кæсдæр радта дзуапп: — Чи дын загъта, бæхыл дæ сæвæрдзыстæм, уый? — Ды, — загъта Сырдон. — Сайыс, Сырдон! Æз дын афтæ куы загътон: „Кæм ды — фис- тæг, мах — бæхджын, кæм мах — бæхджын, ды — фистæг". Ам дæлæмæ кæсын, æмæ æцæгдæр афтæ у нæ балцы хъуыддаг: ды фистæг дæ, мах бæхджын, мах бæхджын стæм, ды та — фистæг. Раст нæ ныхас куыд уыд; афтæ йæ æххæст дæр кæнæм. Уæд Сырдон бамбæрста, сайд ыл кæй æрцыд, уый, æмæ йæ сæр ныттылдта, æндæр ницыуал загъта. Иу дзæвгар куы ауадысты, уæд бахæццæ сты иу фурдмæ. Сырдон фурды бахизыныл катап кæны. Уырызмæг æм дзуры: — Хæц, Сырдон, мæ бæхы къæдзилыл, æз дæ фурды фале фæкæнон! Сырдон ныххæцыд Уырызмæджы бæхы къæдзилыл æмæ ба- раст кодтой фурды. Йæ тæккæ астæумæ куы бахæццæ сты, уæд Уырызмæг фæрсы Сырдоны: 51
— Къухы ныхтæ æмæ къахы ныхтæ кæм фæчындæуы? — Кæм сæ æрымысай, уым, — дзуапп радта Сырдон. Уæд Уырызмæг йæ бæх ныуурæдта æмæ æлвынын райдыдта йæ къухты æмæ йæ къæхты ныхтæ. Цалынмæ Уырызмæг уыцы куыст кодта, уæдмæ доны фæйлауæнтæ Сырдояы расхой-басхой кодтой, уæдæ цыуыдаид! Йæ къухты ныхтæ æмæ йæ къæхты ныхтæ конд куы фæци Уырызмæг, уæд йæ бæх æрцæфтæ кодта æмæ Сыр- донимæ доны фале фæци. Бирæ та фæцыдысты. Сырдонæн йæ къахыл скæнинаг дзабыр нал баззади. Нарт уый куы федтой, уæд Сырдоны радыгай сæ фæсарцыты æвæрын байдыдтой. Сырдон бавдæлы æмæ, кæй фæсарц фæбады, уымæн йæ арт1 амбæхсы. Афтæмæй сеппæты æртытæ дæр бамбæхста. Уырызмæгмæ та æртæ арты уыдис. Уы- донæй иу йæ фарсыл уыд, иннæ йæ астæубосыл, æртыккаг та йæ саргъы базы бын. Уымæн дæр йе ’ртытæ бамбæхста Сырдон. Цæуынц нарты гуыппырсартæ æмæ сыл баизæр. Сæ улæфт уадзынмæ æмæ се ’хсæв æрвитынмæ, стæй сæ бæхты фæхизын- мæ æрлæууыдысты иу ран. Уæд Уырызмæг дзуры йæ кæсдæртæм: — Лæппутæ, цуаны-ма суайут, кæд нын Æфсати исты рат- тид, кæннод стонгæй куы нæуал фæразæм! Лæппутæ ауадысты æмæ уайтагъд саджы мард æрдавтой, суг- тæ æрбамбырд кодтой æмæ арт кæнынмæ куы бавнæлдтой, уæд кæсынц, æмæ дзы иуæн дæр йæ арт йæ фарсыл нал ис. Ныхас Уырызмæгмæ байхъуыст, нæ æртытæ ахаудысты, зæгъгæ. Уæд Уырызмæг афтæ зæгъы: — Иугай æртыты æвджид куыд рацыдыстут, зын арæн куы не сты æртытæ, мийаг! „Мæнæн дзы иу мæнæ мæ фарсыл ис", зæгъгæ, куыд фæкодта, афтæ йæ фарсмæ февнæлдта, æмæ дзы артæн йæ кой дæр нал. Хорзау нал фæци Уырызмæг. Февнæлдта йæ астæубосмæ, агуры арт æмæ астæубосыл дæр ницыуал ары. Уæд та фæсивæдмæ дзуры: — Ауайут, лæппутæ, уæртæ мæ саргъы базы иу арт ис, æмæ йæ ардæм радавут! Лæппутæ ауадысты æмæ Уырызмæгмæ йæ саргъы баз гогызы марды хуызæн тымбылтæй бадавтой, фæлæ уым дæр арт нæ ра- зынд. Уыцы афон Сырдон æрхы ныббырыд æмæ уым хæтæлы хустимæ йæхи цыдæртæ архайæг скодта. Нарт сагъæсы бацыдыс- 52
ты æмæ дзырдтой кæрæдзийæн, ныр цы кæнæм, зæгъгæ, фæлæ ницы хос ардтой. Æрæджиау Уырызмæг кæсы, æмæ иу фарсы ’рдыгæй ауыдта рухсы цæст. Дзуры Сырдонмæ: — Бавдæл, æмæ ацу, уæлæ рухс кæцæй цæуы, уырдæм, æмæ нын зынг æрхæсс! Сырдон дæр ницыуай уæлдай загъта Уырызмæджы ныхасыл. Араст ис, рухс кæцæй цыд, уыцырдæм æмæ иу чысыл куы ауади, уæд фæстæмæ æ^ыздæхт æмæ гæды ныхæстæ ракодта: — Зынг раттын нæ, фæлæ мын мæ хъæрмæ дæр нæ ракас- тысты. Уæд нарты кæсдæртæй иу арасти зынггур æмæ бафтыд авд уæйыджы хæдзармæ. Ракастысты йæм уæйгуытæ æмæ йыл бацин кодтой. Мах зынггуры дуарæй не здахæм, зæгъгæ, йын загътой, æмæ йæ сæ хæдзармæ бакодтой. Уым æй фидар фæхс бандоныл æрбадын кодтой, сæхуыдтæг ын йæ быны бурæмæдз2 рауагътой, æмæ нæртон гуырд бандоныл ныффидар æмæ сызмæлын дæр нал фæрæзта. Æрæгмæ куы цыди, уæд та нарт сæ кæсдæры хисдæ- ры арвыстой, æмæ та уый дæр кæсдæры фæндагыл ацыди. Æрæгмæ куы цыдысты кæсдæртæ, уæд нарты хисдæртæ сæ- хуыдтæг радыгай цæуын райдыдтой иуæй зынггур, иннæмæй та сæ кæсдæрты агурæг. Фыццаг арасти Сослан, æмæ та уый дæр йæ кæсдæрты æмбисонд баййæфта. Нал баурæдта йæхи Хæмыц дæр. Араст йе ’мбæлтты агурæг, фæлæ та уый дæр фæстæмæ нал зыны. Тыхсы Уырызмæджы зæрдæ, йæхицæн бынат дæр нал ары йе ’мбæлтты мæтæй æмæ фæстагмæ арасти сæ фæдыл. Уырызмæг дæр та бафтыд уæйгуыты хæдзармæ, мидæмæ сæм бадзырдта: — ^е, хæдзаронтæ, æттæмæ ма уæ исчи ракæсæд! Уæйгуытæ йæм рауадысты æмæ йын загътой: — Кæй агурыс? 'Кæд æмæ дæ кæсдæрты, уæд уыдон дæр тагъд рацæудзысты, фæлæ сæм мидæмæ æрбахиз. Уырызмæг фæраст уæйгуыты хæдзармæ æмæ куывды бадæ- гау уым бадгæ баййæфта нарты. Уырызмæгæн дзы иу дæр уæлæ- мæ нæ сыстади. Мæстыгæнæджы каст æм ракодтой æмæ Уырыз- мæг дæр сæ уæле мæсты цæф ныккодта бандоныл йæхи. Йæ бы- ны йын бурæмæдз рауагътой, æмæ тауый дæр бандоныл аныхæст. Ныр сæм бакæс, уæд цавддуртау бадынц фæрсæй-фæрстæм нар- ты бæлццæттæ. Уæйгуытæн дæр се стыр аджы дон хæрдмæ пæлхъ- пæлхъ кæны — хъуамæ дзы нарты ныккалой æмæ сæ сфыцой. 53
Авд уæйыджы сæ кæрдтæ цыргъ кæнынц. Нарт кæм æрбынат кодтой, уым ма баззади æрмæст Сырдон. Уый бынаты арт бандзæрста, саджы мардæй физонджытæ скодта æмæ йæхи хорз бафсæста. Уыргтæ рафтыдта æд фиутæ æмæ уы. дон дæр сфизонæг кодта æмæ дзы иу йæ иу рихийыл æрцауыгъ- та, иннæ та — йе ’ннæ рихийыл. Уыргтæ *куы басалдысты йæ ри- хитыл, уæд афтæмæй араст уæйгуыты хæдзармæ. Куы бахæццæ, уæд бахъæр кодта: — Цы фестут, нарты хъалтæ! Æвæццæгæн та уæ гуыбыны куыст кæнут, мæн та сау хъæды иунæгæй ныууагътат! Ие мæ арс куы ныттона, йе мæ бирæгътæ куы бахæрой, уымæй дæр мын нæ тæрсут? Æттæмæ дæр мæм куы нæуал зынут! Уæд æм уæйгуытæ рауадысты æмæ йæм дзурынц: — Мидæмæ рацу, уазæг, ды дæр семæ абад. Сырдон сæм дзуры: — Уый бæсты мын сæм бадзурут, æмæ цæуæм. Фæлæ уæйгуытæ не сразы сты. Бакодтой Сырдоны сæ хæ- дзармæ. Сырдон нарты рæгъ-рæгъы бадгæ куы федта, уæд бамбæрста, уыдон хуымæтæджы æнæзмæлгæ кæй не сты, уый, æмæ сæ фарс- мæ бадын нал бакуымдта. Уæд та йæм уæйгуытæ дзурынц: — Сбад сæ фарсмæ ды дæр, уазæг! — Нæ, мæнæн уыдон фарсмæ бадæн нæй, фæлæ мын æнæ- бын хуыскъаг мигæнæны фæнык акæнут æмæ ууыл абаддзынæн. Уый, æз кæуыл фæбадын, ахæм у, — загъта Сырдон. Уыдон дæр ын æнæбын хуыскъаг мигæнæны фæнык§акодтой æмæ йыл бурæмæдз ауагътой. Сырдон ыл куы æрцæй бадти, уæд æй иуы ’рдæм фенкъуыста, æмæ фæнык æмæ бурæмæдз акалдысты. Сырдон æнæбын мигæнæныл æрбадти бæстон. Уæйгуытæ фæрсынц Сырдоны: — СымахьГрдыгæй кусæрттаджы нард цæмæй æвзарынц? Сырдон сын загъта: — Махы’рдыгæй кусæрттагыл сæ къух æрхæссынц, æмæ фæл- мæн куы вæййы, уæд уый нымайынц нарды нысаныл. Сослан дынджыр бæрзæйджын уыди, æмæ йæуæйгуытæ рав- зæрстой нарддæрæн. Йæ бадæнæй йæ ратыдтой æмæ йæ фынгыл кусæрттаджы æвæрд æркодтой æргæвдынмæ. 54
Гъа ныр Сосланыл кард æрбауадзой, афтæ Сырдон фестад æмæ фæхъæр кодта уæйгуытыл: — Гъæй, цы ми кæнут?! Уæ гуыбыны куыст? — Нæ гуыбыны куыст кæнæм, нæ гуыбыны! Уæдæ нын цы кæнын кæныс? — Адон уæм цæмæн æрцыдысты, уый нæма базыдтат, фæлæ æндæр куыстытыл фестут. — Гъы, зæгъ, дæ хорзæхæй, цæй тыххæй æрцыдысты, — дзурынц уæйгуытæ. — Æгас нарт сбыцæу сты, куырды дзауматæй хисдæр кæцы у, зæгъгæ, æмæ уæм фæрсынмæ æрæрвыстой мæнæ сæ фæсивæды æмæ сæ хисдæрты. Бамбарын сын кæнут, куырды дзауматæй чи хисдæр у, уый. Уæд уæйгуыты хисдæр нал фæлæууыд æмæ загъта: — Æвæдза, куырды дзауматæн сæ хисдæр хъæстарæг хъуа- мæ уа. — Нæ, куынц хисдæр у, — загъта дыккаг. — Куынц куы нæ уа, уæд дæ дзыхæй фу кæндзынæ? —Æртдзыскæн куы нæ уа, уæд тæвд æфсæйнагыл дæ къу- хæй ныххæцдзынæ? — загъта æртыккаг. Уыдон ныхæстæм смæсты цыппæрæм æмæ сыл фæхъæр кодта: — Æмæ дзæбуг куы нæ уа, уæд тæвд æфсæйнаг дæ тымбыл къухæй хойдзынæ? Дзæбуг хисдæр у, дзæбуг! Сырдон дæр ын йæ ныхас ацахста æмæ йæм дзуры: .— Ды растдæр дæ сеппæтæй дæр, æмæ ма сыл мæнæ дзæбу- гæй æрцу, æмæ куырды дзауматæй чи хисдæр у, уый сæхиуыл бавзарой! Уæд дзæбуг кæмæ уыд, уый ныддæлæ-уæлæ кодта æмæ дзы иуы сæр ныццавта. Уый адыл кæрæдзиуыл ралæууыдысты уæйгуы- тæ æмæ, — дæ балгъитæг афтæ! —сæ кæрæдзийы пырх кæнынц. Йæ цæвæн-иу йæ къухæй кæмæн ахаудта, уымæн та-иу æй Сырдон фæстæмæ йæ къухты фæсагъта æмæ-иу ын загъта: — Куы дæ амардта! Куыд фыд-зæрдæ у де’фсымæр! Сырдоны ныхасмæ гæсгæ загъд цырынæй-цырындæр кодта, цалынмæ уæйгуытæ кæрæдзийы ныццагътой, уæдмæ. Нарт ныуулæфыдысты, фæхъæлдзæгдæр сты. Сырдон æмæ Сослан тæвд дон истой уæлартæй, æмæ йæ уагътой нарты бын, цалынмæ нарт бандонæй фæхицæн сты, уæдмæ. Сæ бадæнты цæрмт- 57
тæ бандоныл баззадысты, æмæ уый фæстæ бæхтыл куы сбадтысты, уæд фæйнæрдæм ныкъултæ.сты, раст бадæн сæ нал уыд. Сырдон сыл худæгæй марди, фæсте сæм дзырдта: — Уæ бонæй уат, нарты гуыппырсартæ, — фыр хъалæй сæ бæхтыл раст дæр нал бадынц! Нарт мæсты кодтой Сырдонмæ. Куы нал фæрæзтой, уæд иу ран бæлас æртасын кодтой æмæ йæм Сырдоны йæ рихитæй бабас- той, стæй бæлас суагътой, æмæ Сырдон бæласы цъуппыл ауыгъ- дæй баззад. „Гъе ныр мæ раны дæн, гъе", загъта Сырдон. Иу дзæвгар фæци бæласыл ауыгъдæй, афтæ Бæлгъæйы3 æлдары фийау йæ бынты æхситтытæгæнгæ йæ фос æрбаскъæры. Фийау Сырдоны куы ауыдта, уæд æм бæласы сæрмæ дзуры: — Хуыцауы тыххæй, хорз лæг, уым цы ми кæныс? — Ам цы ми кæнын, уый дын куы зæгъон, уæд мын мæ ба- дæн агурдзынæ. Фæлтау дæ цыды кой кæн, — загъта Сырдон. — Ницы дæ агурдзынæн, ма тæрс; уым цы ми кæныс, уый мын зæгъ. — Кæд мæ нал уадзыс, уæддын æй зæгъдзынæн. Уæлæ, кæс, хуыцау мæнæу най кæны, æмæ уый куы федтон, уæдæй нырмæ мæ зæрдæ нал хæринаг агуры, нал нуазинаг. — Дæ хорзæхæй, æз хуыцауы никуы-ма федтон æмæ мын æй фенын кæн, — загъта фийау. — Нæ дын загътон, нæ, мæ бадæн мын агурдзынæ! Фийау басомы кодта Сырдонæн, куыддæриддæр хуыцауы фена, афтæ йын йæ бынат фæстæмæ кæй раттдзæн, ууыл. Сырдон, цьша йæ бæласæй рахизын нæ фæндыди, уыйау дзуры фийаумæ: — Уæдæ мæнæ бæласыл æрхæц, мæ бæстытæ мын суадз, æмæ дæ мæхæдæг бæласы цъуппмæ фидардæр бабæттдзынæн, кæннод хуы- цаумæ кæсгæйæ, фидар баст куы нæ уай, уæд, мийаг, рахаудзынæ. Фийау Сырдоны суæгъд кодта. Сырдон бæласы цъуппмæ фийауы бабаста, бæлас суагъта, æмæ фийау бæласы цъуппыл ауыгъдæй баззади. Кæсы фийау хæрдмæ, фæлæ хуьщауы никуы уыны, æмæ дзуры Сырдонмæ: — Мæ цæстытæй нырмæ куыд уыдтон, афтæ сæ нал уынын! Уæд æм Сырдон дæле дзуры: — Фæлæу, мæ хæдзар, ма тæрс, иу чысыл ма куы фæуай бæласы цъуппыл, уæд сæ æппындæр нал уындзынæ. Йæхæдæг фийауы фосыл рахъæр кодта æмæ сæ Нартмæ æрбатардта. 58
Нарт дис кæнынц æмæ дзурынц се стыр Ныхасы: — Нæ фыдбылыз фосармæй4 æрцыди, мах та йын фесæфын æнхъæл уыдыстæм. Уæд сæм Сырдон дзуры: — Мæнæ уын фос, æмæ сæ байуарут! Бæлгъæйы быдыр æн^ гæс фосæй байдзаг, æмæ уырдыгæй йæхицæн нырмæ кусæрттаг чи не ’рыскъæрдта, сæфт уый у. Уæд, дын, нарты фæсивæд ныффæдис кодтой Бæлгъæйы быдырмæ. Бæлгъæйы æфсæдтæ та сæ фийау æмæ сæ фос агурынмæ рацыдысты æмæ нартимæ кæрæдзийыл хæрхæмбæлд фесты æмæ кæрæдзийыл ралæууыдысты. Нарты фæсивæд фæстæмæ куы раздæхтысты, уæд сæрвæтыл сæ фæндаг ракодтой æмæ Сырдоны бæхы хæмхудтæ фыдæнæн ныллыг кодтой. Уыцы хъуыддаг Сырдон куы фехъуыста, уæд арасти рæгъаумæ æмæ нарты бæхты къæдзнлтæ ныллыгтæ кодта, йæхæдæг æрбацыд æмæ нарты Ныхасы æрбадт. Нарты рæгъау æрцыдысты сæ хизæнуатæй. Кæсынц, æмæ, дын, мæнæ Сырдоны бæх дæр ссæуы. Нарты фæсивæд æй куы федтой, уæд худæгæй бакъæцæл сты æмæ фæрсынц Сырдоны: — Уый дæ бæх худгæ куы ссæуы, Сырдон. Цымæ цæуыл худы? — Йæ разæй худинæгтæ уыны æмæ ууыл, — дзуапп радта Сырдон. Уæд нарт сæ бæхтæм бакастысты, æмæ дзы иу бæхыл дæр къæдзил нал. Цы ма загътаиккой нарты фæсивæд? Ницы.
СЫРДОН УÆЙГУЫТЫ КУЫД ФÆСАЙДТА у бон нарт Сырдоны сусæгæй ацыдысты хæтæны. Сырдон рацыди уынгмæ æмæ сывæллæтты фæрсы: — Нарт кæм сты,—куы ничи сæ зыны æттæмæ? Уæд æм иу лæппу бацыд æмæ йын зæгъы: — Нарт дæ сусæгæй хæтæны ацыдысты. Сырдон йæ хæдзармæ бацыд, йæхи арæвдз кодта æмæарасти сæ фæдыл. Иу æртæ боны куы фæцыд, уæд сау хъæды æрын- цад æмæ уым бонасадæн кодта1. Кæсы, æмæ æрдузы æртæ уæйы- джы кæрæдзийы нæмынц. Сырдон йæхи сæ цурты цæуæг акодта æмæ сæм дзуры: — Уæ, байрйат, къобортæ! Цы кæнут, кæрæдзийы цæуыл нæмут? Хыл кæнын хорз нæу, худинаг у! Уæйгуытæ йæм дзурынц: — Уаргæ кæнæм æмæ нæ фидауæм. — Зæгъут-ма мын, уагæры цы уарут? Кæд уæ æз бафидауын кæнин. Уæйгуытæ йын зæгъынц: — Ис нæм æрчъиаг, фынг æмæ бæндæн. Æрчъиагмæ ис ахæм миниуæг, æмæ йыл куы сбадай, уæд дæ кæдæм фæнда, уырдæм дæ цæсты фæныкъуылдмæ бахæццæ кæндзæн. Фынджы та ны- 60
мæтын ехсæй куы Зерцæвай, уæд х&рд &мæ нозтæй айдзаг вæй- йы. Бæндæнæй та æнæхъæн хор-хос2 куы сбæдтай, уæд дæр дын уæз нæ кæндзысты. Уæд сын Сырдон зæгъы: — Кæд мæм хъусут, уæд уæ æз бафидауын кæндзынæн. — Хъусæм дæм, хъусæм,—схорхор кодтой уæйгуытæ. — Æз фехсдзынæн сымахæн уæ фæттæ æртæ’рдæм, æмæ мæм йæ фат тагъддæр чи æрхæсса, уымæн фыццаг бар, уый фæстагæн — дыккаг бар, æртыккагæн та — фæстаг бар. Уæйгуытæ сразы сты. Сырдон дæр сын сæ фæттæ æртæ ’рдæм фехста æмæ сын загъта: — Уайгæут ныр! Уæйгуытæ дæр фæцагайдтой фæттæ агурæг уыцы иуы’рдæм, кæрæдзийы сæрты схъиудтытæ гæнгæ, кæд æмæ сæ фæттæ алы рæтты уыдысты, уæддæр. Сырдон, дын, æрчъиагыл фынг авæрдта, бæндæн райста йæ къухмæ, сбадти æрчъиагыл, йæхæдæг æм дзуры: — Уæдæ мæ гъе ныр нæ уæлхæдзары фестын кæн!3 Уыцы ныхасмæ Сырдон йæ уæлхæдзар фестади. Сырдон Нарты æрхуыдта æмæ сæ иу къуыри дæргъы хорз федта йæ фынджы фæрцы. Уыцы бонæй фæстæмæ нарт нал цыдысты балцы æнæ Сырдон.
БАТРАДЗЫ РАИГУЫРД о| р^ атрадзы фыд Хæмыц Уырызмæджы æфсымæр уыд. Хæмыц ЖæЗ ракуырдта Быценты чызджы. Быценон-иу бон хæфсы цъа- ^И^^ ры бадти, æхсæв та-иу фестади тынг рæсугъд сылгоймаг. Гъе афтæмæй Хæмыц йæ усимæ цæрынтæ райдыдта. Хæмыц Быценоны афтæ бирæ уарзта, æмæ йыл æрхъæцмæ нæ хъæцыд, кæдæм цыдаид, уырдæм-иу æй йемæ хаста. Иу хатт, дын, Хæмыц нарты стыр Ныхасмæ рараст æмæ йæ усмæ дзуры: — Быценон, абон дын нарты стыр Ныхасмæ æнæ *æсгæ нæй! Ус ын лæгъстæ кæнын байдыдта: — Ма мæ ахæсс, кæннод дын мзенæй ницыуал пайда уыдзæн. Нæй, нæ байхъуыста Хæмыц йæ усмæ, йæ дзыппы йæ цæ- вæрдта, æмæ ацыди Ныхасмæ. Сырдон рагæй дæр нартæн фыдбылыз кæм нæ уыди! Хæмы- цæн йæ ус йемæ кæй уыд, уый бамбæрста. Бавдæлд æмæ лæппуты сардыдта, нæмут мæ зæгъгæ. Уыдон дæр æй нæмын райдыдтой. Уæд Сырдон ныхъæр кодта: — Гъæ, уæ хуыздæр амæла, нарт! — сæ кæсдæртæ сæ хис- дæрты нæмынц, сæ хисдæртæ та сæ устыты семæ хæссынц. Кæм бадæм, нарты зæрæдтæ —ай лæгты Ныхас у æви устыты Ныхас?
Нæ цæсгом фесæфтам, æгъдау нæм нал ис. Кæсут-ма Хæмыцмэё. Быценоны йемæ æрхаста разагъды1 нарты стыр Ныхасмæ! Хæмыц куыннæ рамæсты уыдаид? Фестад æмæ Сырдоны риу тымбыл къухæй афтæ ныццавта, æмæ Сырдонæн йæ къæхтæ хæрдмæ хъилæй аззадысты. Сæхимæ æрцыди мæстæйдзагæй Хæмыц. Уæд æм Быценон дзуры: — Бæргæ дын загътон: ма мæ хæсс адæммæ. Нæ мæм бай- хъуыстай. Ныр дæхи дæр байсæфтай æмæ мæн дæр. Быцентæн се’гъдау афтæ у, æмæ уайдзæфæн нæ фæразынц. Уыцыуайдзæфы фæстæ мæнæн демæ цæрæн нал ис. Кæцæй мæ æрхастай, уыр- дæм мæ фæстæмæ фæхæсс. Цы гæнæн ма уыд Хæмыцæн, æмæ йæ ахаста. Быценты дуармæ куы бахæццæ сты, уæд ын ус зæгъы: — Æртæ хорздзинады бакæнинаг дын уыдтæн, фæлæ дзы ныр иу сæххæст кæнын йеттæмæ мæ къухы нал бафтдзæн. Мæ тæригъæд дæр æмæ дæ тæригъæд дæр фæхæссæд, ацы ми нын чи бакодта, уый. Ныр дын цы зæгъон, уымæ хъус: махæн хъуамæ лæппу райгуыра. Мæхи дзидзийæ куы схъомыл уыдаид, уæд ын дунетыл æмбал нæ разындаид: кард æй нæ карстаид, фат дзы нæ хызтаид. Фæлæ ма цы гæнæн ис. Æрбадар де уæнтæ, æмæ дын уырдæм ныуулæфон. Хæмыц бадардта йе уæнтæ, æмæ йын сæм Быценонныуулæфыд. Хæмыцы уæнты астæу февзæрди сынчъы хуызæн тыппыр. — Ацу æмæ-иу æй Сатанайæн радзур, — уый дын зæгъдзæн, къæртт кæнын афон кæд уыдзæн, уый, — загъта Быценон Хæмыцæн. Уыйадыл ус сæхимæ ныффардæги. Хæмыц дæр æнкъардæй раз- дæхти сæхимæ æмæ Сатанайæн радзырдта йæ хъуыддаг. Сатана райдыдта бонтæ æмæ мæйтæ нымайын, æмæ афон куы ’рхæццæ, уæд акъæртт кодта Хæмыцы сынчъы хуызæн тыппыр. Сынкъæй рагæпп кодта æрдæгæй уæлæмæ—æндон, уырдыгæй дæ- лæмæ—болат, ахæм сырх зынг лæппу æмæ асхъиудта денджызмæ. Цъæх-цъæхид денджызы дон æгасæй дæр мигъ фестад. Мигъ арвмæ фæцыд, æмæ денджыз ахуыскъ. Мигъ куьГруазал, уæд тыгъдызæйæ2 æруарыд, æмæ та денджыз фæстæмæ айдзаг, йæ былтæй фæйнæрдæм акалд. 63
БАТРАДЗЫ ДЕНДЖЫЗÆЙ КУЫД РАСАЙДТОЙ 1? æппу денджызы бын хъомыл кæнын байдыдта. Мæй- Æт \ мæ-иу æртæ азмæ цас сырæза адæймаг, уый бæрц ^^РЩИ сырæзти. Доны бынмæ йыл сæвæрдтой ном — Хæмыцы фырт Батрадз, зæгъгæ. Нарты сывæллæттæ-иу зымæгон цыдысты денджызмæ. — ихыл хъулæй хъазынмæ. Батрадз-иу их стыдта, сывæллæттимæ-иу хъу- лæй фæхъазыд æмæ-иу сæ амбылдта. Уæд та иу хатт куы уыдис, уæд нарты лæппуты фыдæм- былд ныккодта Батрадз. Лæппутæ æрцьщысты нарты Ныхасмæ æмæ уым æнкъардæй бадынц. — Цæуыл æнкъард стут?—бафарстой сæ нарт. — Куыннæ уæм æнкъард?! Денджызæй нæм иу нæ карæн æмæ не’нгæс лæппу рацæуы æмæ нын нæ хъултæ амбулы,—загъ- той лæппутæ. Сатана базыдта, уый Хæмыцы фырт кæй у, уый. Лæппуйы денджызæй расайыныл зилын райдыдтой нарт, фæ- лæ ницы амал ардтой,—нæ сæм цыд æттæмæ. Уæд иу бон Сатанайы фæрсынц: — Цы бакæнæм, цы’фсонæй расайæм уыцы лæппуйы æттæмæ? Сатана сын загъта: 64
— Афтæ бакæнут, æмæ нæ зæрондь! денджызы былмæ ахо- нут1, йæ сæр ын схуылыдз кæнут æмæ йын æй дасут. Лæппу денджызæй рацæудзæн æмæ дис кæндзæн: никуы федта, сæр куыд дасынц, уый. Æмæ-иу ын зæгъут: „Кæд дæ фæнды, уæд дæуæн дæр адасдзыстæм дæ сæр". Уый сразы уыдзæн. Ныддасут-иу ын йæ сæр æмæ-иу ын йæ сæры хъуынтæ доны бакалут. Уыйадыл лæппу донмæ нал бацæудзæн. Уырызмæджы ракодтой денджызы былмæ, уым æй æрбадын крдтой, йæ сæр ын схуылыдз кодтой æмæ йæ райдыдтой дасын. Лæппу æцæг рацыди донæй, йæ дыууæ къухы дыууæ галы ра- хаста æмæ сæ портиау сæппар-сæппар æмæ рацахс-рацахс кодта, афтæмæй, æмæ касти, сæр куыд дастой, уымæ. Диссаг æм фæ- касти сæр дасын. Бахæлæг кодта, æмæ адасын кодта йæ сæр. Са- танайы дзырдмæ гæсгæ йын йæ сæры хъуынтæ доны бакалдтой æмæ рацыдысты сæхимæ. Батрадз дæр рацыди сæ фæдыл æмæ бацыди Нартмæ, æмæ уым цæрынтæ байдыдта.
БАТРАДЗЫ ХЪÆЗТЫТÆ СЫВÆЛЛОНÆЙ <ф [Ш атрадзы митæ æмæ æууæлтæм куы бакаст зонынджын1 Са- |) Щ^ тана, уæд бшбæрста, хуымæтæджы гуырд кæй нæу, уый. ^чт^ Искæмæн исты фыдбылыз куы скæна, зæгъгæ, уымæйтæрс- гæйæ, æттæмæ нал уагъта Батрадзы, иу хицæн талынг агъуысты йæ бакодта. Бадти уыцы ран Батрадз, уæдæ цы уыдаид! Иу хатт æм хуынкъæй рухсы цъыртт фæзынд. „Ай æтте рухс куы у, уæд мæ ацы талынджы цæмæн дарынц?" ахъуыды кодта йæхи нымæры Батрадз. Айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ дуар ратыдта æмæ уынгмæ рагæпп кодта. Кæсы — нарты сывæллæттæ уынджы кæнынц сæ нæртон хъæзтытæ. Нал сæм фæлæууыд Бат- радз æмæ семæ хъазын байдыдта. Уайтагъд хъазæн фæз цъæ- хахст æмæ æрдиагæй байдзаг. Батрадз-иу йæ цонгыл кæмæн фæ- хæцыд сывæллæттæй, уымæн-иу йæ цонг атыдта, кæй-иу фесхуы- ста, уымæн та иу йæ зæнг фæмур. Уынг фæдис сси иууылдæр. Сатана хъуыддаг бамбæрста, цъæхснаг уисимæ разгъордта уынг- мæ æмæ Батрадзы цъыччытæ кæнгæ батардта сæхимæ. Бирæ нæ рацыд, афтæ та иу бон раирвæзт Батрадз уынгмæ æмæ ныфтыд Дæллаг Нартмæ. Дæллаг Нарты царди нарты Бурæ- фæрныг. Уыдис ын авд фырты. Тынг буц дардта Бурæфæрныг йæ авд фырты: уыди сын иу уæлдзармæй хорасан худтæ2, иу фæс- 66
мынæй куырæттæ, иу сæракæй зæнгæйттæ æмæ дзабыртæ. Фатæй уыдысты æбуалгъ дæсны, æмæ нарты фæсивæды ’хсæн сæ сæрмæ никæй хастой. Хъал æмæ сæ ныфсджын уыди Бурæфæрныг дæр. Уыцы бон дæр та хъазыдысты фатæй. Батрадз сæм фæныкæйдзæг- тæй йæхи баласта, бахæлæг сын кодта сæ хъазтмæ æмæ сæм дзуры: — Фатдзау3 уын лæууын ардыгæй изæрмæ, æмæ-иу мын иу æхст раттут. Сразы сты Бурæфæрныджы фырттæ. Фæйнæрдæм, бæсты кæ- рæттæм, фехсынц сæ фæттæ. Зæхмæ сæ не ’руадзы, афтæмæй сæ рауидзы Батрадз æмæ сæ æрбахæссы æфсымæртæм. Сихор афон сси, афтæ æфсымæрты кæсдæр дзуры иннæтæм: — Ацы фæныкæйдзаг мæгуыр сывæллоны тæригъæд нæ цæ- мæн хъæуы! Иу æхст ын раттæм,—уадз æмæ йæхицæн бацин кæна. Бакастысты Бурæфæрныджы фырттæ сæ кæсдæры коммæ æмæ радтой Батрадзмæ фат æмæ æрдын. Батрадз сæм ракæс-ба- кæс акодта, стæй дзуры Бурæфæрныджы авд фыртмæ: — Æз афтæмæй нæ фехсдзынæн, фæлæ авдæй дæр уæ худ- тæ кæрæдзийы мидæг акæнут æмæ сæ æрæвæрут мысанæн. Кæд сæ акъахон, уæд ма-иу мын ноджы иу æхсты бар раттут. Бурæфæрныджы хъал фырттæ цы ’нхъæл уыдаиккой фæны- кæйдзаг Батрадзæй! Кæрæдзимæ бакастысты, сæ мидбылты бахуд- тысты æмæ æрæвæрдтой сæ худтæ. Батрадз фæхъавыди, æмæ худтæ фæйнæрдæм фаркгай фæтахтысты. Хорзау нал фесты авд æфсымæры, фæлæ та, сæ дзырдмæ гæсгæ, радтой Батрадзæн дыккаг æхсты бар дæр. — Ныр та уæ куырæттæ æрæвæрут, æмæ сæ кæд нæ акъа- хон, уæд уын ардыгæй фæстæмæ лæвар хæсдзынæн уæ фæттæ. Бафæлварæм-ма, загътой сæхицæн Бурæфæрныджы фырттæ æмæ æрæвæрдтой сæ куырæттæ дæр. Фæхъавыд та Батрадз æмæ,—дæ фыдгул афтæ!—гæлæбутау фæтахтысты фæйнæрдæм куырæтты гæппæлтæ. Мæстæй хæлгæйæ райстой Батрадзæй се ’рдын æмæ уæнтæхъил, сæргуыбырæй ацыдысты сæхимæ. Батрадз дæр, æхситгæнгæ, арасти сæ хæдзармæ æмæ сусæгæй бацыд йæ талынг бынатмæ. Бирæ рацыд, чысыл рацыд, — чи йæ зоны, — афтæ, дын, иу бон Бурæфæрныг афæдзбалцæй кæй æрыздæхт, уый тыххæй куывд кæнын ныффæнд кодта. Иу комæй гал рæгъау æртæрын кодта, иннæ комæй — лыстæг фосы дзуг. Аргæвстой сæ. Æрæм- 67
бырд сты Дæллаг Нарт æмæ куывды бадынц. Нæртон куывды, уæдæ цы! Куы фæхордтой, куы фæнуæзтой, уæд Сырдон дзуры фæсивæдмæ, æрдын æмæ фатæй ахъазут, зæгъгæ. Дæллаг Нарты фæсивæд, цы уыдысты, уымæй рацыдысты хъазынмæ. Сæ хъазт йæ тæккæ тынгыл уыд, афтæ та, дын, Уæллаг Нартæй æрæфтыд Батрадз фæныкæйдзæгтæй. Дæллаг Нарты æфсæст фæсивæд æм хъазæгау дзурынц: — Иу æхст фæкæн ды дæр, лæппу! Фехста, æмæ йæ фат мысанмæ хаугæ дæр нæ бакодта. Нарты фæсивæд ныххудтысты, уæдæ цы! Уæд сæм Батрадз дзуры: — Æз ахæм мысан нæ фехсын. Фæлæ уæ кæд фæнды, цæ- мæй фехсон, уый, уæд мын мысанæн уæ фæттæ æрæвæрут. Æрæвæрдтой сæ фæттæ. Батрадз фæхъавыди, æмæ Дæллаг Нарты фæсивæды фæттæ лыстæг схъистæй хæрдмæ фæхаудтой, æмæ фæстæмæ, митуарæгау, зæхмæ æркалдысты. Мардау фесты Дæллаг Нарты хъал фæсивæд. Иу лæппу куывды адæммæ бауад æмæ дзуры: — Æхсæртæггатæй нын иу фæныкæйдзаг лæппу нæ фæси- вæды фæттæ лыстæг муртæ ныккодта! Адæм фестъæлфыдысты. Сырдон та фæразæй æмæ рахъæр кодта кæсдæртæм: — Æрбахонут-ма йæ ардæм—кæддæра цы хуызæн у. Ацыдысты. Хонынц Батрадзы, фæлæ сæм уый фæрсмæ дæр нæ кæсы. Уæд æм æввахс бацыдысты æмæ йыл схæц-схæц кæ- нынц. Маразæгъай, кæд æй сызмæлын кæнын дæр фæразынц! Баздæхтысты æмæ радзырдтой хъуыддаг. Сырдон та рахъæр кодта: — Цæут æмæ йын зæгъут: „Ронгагур æрбацыдтæ æмæ ра- цу—баназ!" Батрадзæн хъыг куыннæ уыдаид уыцы ныхас! Фæлæ йæ маст баурæдта æмæ арасти Дæллаг Нарты куывдмæ. Куы бахæццæ, уæд æм Сырдон дзуры: — Æхсæртæггатæ, хонгæ уæ чындæуа, æмæ цæугæ нæ кæ- нут, ма уæ хуындæуа, æмæ уæд уæ сæрæй дуæрттæ кæнут! Нал баурæдта ацы хатт йæ маст Батрадз: ракъуырдтытæ кодта, йæ цуры чи лæууыд, уыдоны, æмæ дзы кæмæн йæ цонджы хъул фелвæст, кæмæн—йæ син. Уæд æм Бурæфæрныг уæле дзуры: 68
— Кæд ахæм æрдынджын æмæ фатджын5 дæ, уæд уартæ денджызы был нæ фæсивæды æвзаргæтæ авдæй айк мысанæн да- рынц, æмæ уыдонимæ бавзар дæ хъару. Фæзылди Батрадз æмæ æнæсдзургæйæ арасти денджызы былмæ. Бахæццæ авд лæппумæ, арфæ сын ракодта, дзуры сæм: — Æз сымахмæ æрцыдтæн—фехъуыстон, айк мысанæн дарут денджызæн йæ иу былæй йе’ннæ былмæ, зæгъгæ. Уыцы ныхасмæ йæм лæппутæй иу авæрдта фат æмæ ’рдын. Фех- ста Батрадз, æмæ фат денджызæн йæ тæккæ астæу ныххауд, Ныххудтысты та йыл уыдон дæр, уæдæ цы! — Æз афтæмæй нæ фехсын мысан,—дзуры сæм Батрадз.— Фæлæ уартæ айкыл судзин ныссадзут, æмæ лæг чи у, уый йæ фехсæд. Ныссагътой айкыл судзин. Æхсынц Дæллаг Нарты æвзаргæ фæсивæд, фæлæ никуы ’мæ ницы. Фехста Батрадз æмæ фат су- дзины быны ауад. Айтæ-уыйтæ нал фæкодта Батрадз,фæлæ авдыдæр æргъом баст акодта æмæ сæ Дæллаг Нарты Ныхасмæ æрбахаста. Уым сæ æрæппæрста, йæхæдæг азылди, йæ къухтæ йæ чъылдымыл авæрд- та æмæ та æхситтæй заргæ арасти сæхимæ.
БАТРАДЗ ЙÆХИ КУЫД БАЙСÆРЫН КОДТА атрадз хъуыды кæнын байдыдта: „Ныр куыд дæн, афтæ- мæй мын искуы тыхгæнæг тых ссардзæн. Цæуон æмæ уæ- ларв Куырдалæгонæн мæхи байсæрын кæнон—мæ буар æн- дон куыд уа, афтæ. Араст уæларв Куырдалæгонмæ. Схæццæ йæм ис æмæ йæм дзуры: — Байсæр мæ, Куырдалæгон! — Макæ, мæ хур, дзæбæх лæппуйы хуызæн мæм зыныс æмæ судзынæн æгæр æвгъау дæ. — Нæй æндæр гæнæн, Куырдалæгон, курын дæ—байсæр мæ. Уæд Куырдалæгон сразы æмæ йын зæгъы: — Ацу æмæ иу мæй æвзалы фæсудз, иу мæй та дойнаг дзæн- хъа-дур фæлас. Батрадз иу мæй æвзалы фæсыгъта, иу мæй та дойнаг дзæн- хъа-дур фæласта. Куырдалæгон Батрадзы куынцгомы1 баппæрста, куыфгайæ2 йыл æвзалы фæкалдта, стæй йыл дойнаг дзæнхъа-дур самадта. Уый фæстæ йæм дыууадæсы ’рдыгæй дыууадæс куынцы сарæзта æмæ йыл сæ мæйы дæргъы фæдымдта. Мæй куы рацыди, уæд Куырдалæгон йæхи нымæры дзуры: 72
„Афонмæ, мæгуырæг, басыгъди Хæмыцы фырт. Цон æмæ йын йе стæгдар ракалон". Бацыдис æм æртдзыскæнимæ, æмæ йыл Батрадз фæхъæр кодта: — Зынг мæм куы нæ хъары, уæд мæ хъазгæ кæныс, æви цавæр у?! Стæй æнкъардæй мæлын, фæндыр мын рахæсс æмæ мæхицæн зарджытæ уæддæр кæнон! Куырдалæгон ын фæндыр бахаста. Ногæй та йыл æвзалытæ ныккалдта æмæ та йыл къуырийы дæргъы фæдымдта. Фæлæ уæддæр Батрадзмæ зынг нæ бахъардта. Уæд ын Куырдалæгон афтæ зæгъы: — Ацу, Батрадз, æмæ залиаг кæлмытæ амар—уыдонæй куы не скæнæм æвзалы, уæд дæ ацы æвзалы не стæвд кæндзæни. Ацыди Батрадз æмæ залиаг кæлмытæ фæцагъта. Схаста сæ Куырдалæгонмæ, æмæ сæ æвзалы басыгътой. Батрадз та куынцгом- мæ бахызт. Куырдалæгон ыл æвзалы самадта æмæ та йыл фæ- дымдта. Къуырийы фæстæ та бацыди Куырдалæгон, æмæ йæм Батрадз хъæр кæны: — Кæд фаг сзынг дæн, уæд мæ ам дымгæмæ ма дар, фæлæ мæ денджызмæ аппар! Куырдалæгон ыл æртдзыскæнæй ныххæцыд æмæ йæ ден- джызмæ нынтъыхта. Денджыз сфыхти æмæ байсыст—арвмæ фæ- цыди тæфæй. Кæфтæ, кæсæгтæ хуыскъыл аззадысты æмæ хъыл- дымтæ-гæппытæ кодтой. Батрадз цъæх æндон сси, æрмæст ма йæ иу тъанг æнæ сæрыдæй баззади, дон кæй байсыст, уый тыххæй. Рацыд денджызæй, æмæ та денджыз донæй байдзаг æмæ фæйла- уæнтæ байдыдта. Кæфтæ æмæ кæсæгтæн дæр сæ зæрдæ се ’муд æрцыд, æмæ та арф-арфид денджызы фæйнæрдæм ленчытæ систой.
БАТРАДЗ ÆМÆ СОХЪЫР УÆЙЫГ ÆФСÆРОНЫ ФЫРТ АЛÆФ артæн сæ хъазæн фæз Зилахар уыд. Иухатт, дын, нарт Зилахары сарæзтой стыр симд, ахæм симд, æмæ зæхх сæ быны рызти. Симды нарты гуыппырсартæй1 уым иу дæр нæ уыди,—нæдæр Уырызмæг, нæдæр Сослан, нæдæр Батрадз: балцы та уыдысты кæмдæр. Хохæй бынмæ нарты симдмæ касти сохъыр уæйыг Æфсæроны хъал фырт Алæф. — Цон, æмæ нарты симдмæ ныццæуон,—загъта Алæф,—хорз фæсимон, фæхынджылæг кæнон нарты фæсипæдæй æмæ сын сæ дзауматæ схæссон! Уыцы ныхасмæ йæм йæ фыд Æфсæрон дзуры: — Уæ, ма кæ, нарты гуыппырсартæй дын исчи исты фыд- былыз сараздзæн,—уыдонæй арв нæрын куы нæ уæнды. Æз дæр дæ хуызæн хъал уыдтæн, фæлæ мыл иу хатт нарты фæсивæд фембæлдысты; загъд сæ ракъахтон æмæ, кæсыс мæнæ,—мæ цæст мын сæппæрстой. Кæм байхъуыста лæппу йæ фыдмæ! Дыууадæс кæрдзыны йæ роны атъыста фæндаггагæн æмæ арасти Зилахармæ. 74
— Хорз,—загъта фыд,— кæд дыл мæ ныхас не’рцæуа, уæд фендзыстæм. Дзæвгар куы æруади лæппу, уæд кæсы, æмæ иу ран хъомы рæгъау хизы. Бауади, дыууадæс хъуджы дзы радыгъта æмæ сбадти аходæн хæрыныл. Дыууадæс кæрдзыны æмæ дыууадæс хъуджы æхсыр куы ахордта, уæд та дарддæр йæ фæндаджы кой кæны. Иу ран иу дынджыр тулдз-бæлас æд уидæгтæ стыдта, йе уæхскыл æй авæрдта, æмæ афтæмæй нарты симдмæ бахæццæ. Бахæццæ ис æмæ тулдз-бæлас зæххыл нытъæпи ласта. Нарты лæппутæ бæласы тъæппæй фыццаг хæрдмæ фесхъиудтой, стæй сæ мидбынаты æрбадтысты. Сохъыр уæйыджы фырт йæ дзыхы дзаг ныккæлкæл кодта. Уый фæстæ дзуры: — Куыйты нарт! Рацæут æмæ симæм, нæ хъару бавзарæм! Цы загътаиккой тарст лæппутæ! Æнкъард зæрдæйæ та æр- хæцыдысты кæрæдзийыл æмæ та симын байдыдтой. Бахызти симды астæумæ уæйыджы фырт дæр æмæ, йæ зæр- дæ кæимæ фæзæгъы, ууыл æрхæцы æмæ симы. Симы, уæдæ цы, хъал Алæф æмæ нарты лæппутæй кæмæн йæ къух бамур кæны, кæмæн йæ мæкъуыстæг фелвæсын кæны, кæмæн йæ фæрстæ балхъивы. Хъæрзынц нарты лæппутæ, фæлæ сæ уæддæр кæм уа- дзы сохъыр уæйыджы фырт! Æризæр. Нарты лæппутæ сæ симд ныууагътой æмæ ахæлиу кæнынмæ куыд хъавыдысты, афтæ сын уæйыджы фырт сæ дарæс байста, йæ дæлармы сæ акодта æмæ араст сæхимæ. Хохы сæрæй йæ хо фæлгæсы. Йæ цæст фæхæцыд комы йе’фсымæрыл. Бауади чызг йæ мад æмæ йæ фыдмæ æмæ сæм дзуры: — Далæ ме ’фсымæр ссæуы æмæ мын нарты чызджыты дзау- матæ схæссы. Сохъыр уæйыджы нæ уырны, æмæ дзуры йæ чызгмæ: — Цу-ма, акæс, кæддæра къуылдым-къуылдым цæрдæг цыд кæны, æви адаг-адаг хъуызгæйæ ссæуы? Акасти хо—йе ’фсымæр къуылдым-къуылдым хъæлдзæгæй ссæуы. Сохъыр уæйыджы нæ уырны уæддæр. Схæццæ лæппу æмæ сæрысхъæлæй дзуры йæ фыдмæ: — Æда! ды мæ нæ уагътай, фæлæ кæсыс—хорз фæсимдтон, мæ фаг фæхынджылæг кодтон нарты фæсивæдæй, мæнæ дын адон та—сæ дзауматæ. 75
Сохъыр уæйыг æм дзуры: — Æнхъæлдæн, саудзагъд^ æмæ къуыппных лæппу уым нæ уыди! — Сауæй-урсæй къуыппныхæй-дзыхъныхæй—иууылдæр уым уыдысты нарты фæсивæд, фæлæ мæм дзы хъыпп-сыпп ничи суæндыд,—загъта лæппу. — Уæ, ма кæ, мæ фырт,—саудзагъд æмæ къуыппных лæппу уым нæ уыд, фæлæ ныр ныууадз, мауал сфæнд кæн уырдæм цæуын. Йæ къух ауыгъта Алæф йæ фыды дзырдтыл æмæ сæрысхъæ- лæй иннæрдæм аздæхти. Дыккаг бон дæр та Алæф раджы фестад, дыууадæс кæрдзы- ны йæ роны атъыста æмæ араст Зилахармæ. Хъоммæ та фездæхти, дыууадæс хъуджы догъимæ3 та кæрдзын ахордта, тулдз-бæлас ратыдта, нарты симды балæууыд æмæ та фыдмитæ кæнын рай- дыдта нарты фæсивæдæн. Уыцы рæстæджы Хæмыцы фырт Батрадз бадти хохы сæр цъитийыл. Касти уырдыгæй æмæ уыдта, Зилахары цытæ цæуы, уый. Алæф дыккаг хатт куы æрцыди Зилахармæ, уæд хъуыды кæны Батрадз: „Ныр дыккаг хатт хынджылæг кæны нарты хорз фæсивæдæй сохъыр уæйыджы фырт. Цон, æмæ мæ тых йемæ бавзарон, æндæр амал нал ис". Цъитийы ’рдæг ратыдта Батрадз, йæ сæрыл æй авæрдта, цæ- мæй ма тæвд кæна, уый тыххæй, æмæ хæххон цæргæсау йæхи раскъæрдта Зилахармæ. Æрхæццæ ис. Цъити йæ сæрыл тад, æмæ йæ сæры дыууæ фарсыл дæттæ згъордта. Сохъыр уæйыджы фырт куы бакасти Батрадзмæ, уæд йæхи нымæры загъта: „Ай, бæлвырд, мæ фыд мын кæмæй загъта, уый у—саудзагъд æмæ къуыппных"- Æмæ йæ зæрдæ бауазал. Хæрзæгъдау уыди Хæмыцы фырт: æгас цу загъта уæйыджы фыртæн æмæ йын йæ къух райста. Дæ фыдгул афтæ —бамуртæ хъал Алæфы къух. Уый фæстæ йæм дзуры Батрадз: — Уазæг, куы асимиккам, уæд куыд уаид? Æмризæджы рызти сохъыр уæйыджы фырт, фæлæ ма йын цы гæнæн уыди! Ныххæцыдысты. Симынц. Иукъорд зылды куы акодтой, уæд Батрадз Алæфы къахыл фæлæууыд æмæ йын йæ цонг скъуырдта. Атæбæкк Алæфы къах, йæ цонг та æлвæсгæ 76
фæкодта. Симд тынгæй-тынгдæр кæны. Батрадз та Алæфы фарс басхуыста, æмæ йæ фæрсчытæ басастысты Алæфæн. Лæгъстæ кæнын байдыдта Батрадзæн, с^адз мæ, зæгъгæ. Батрадз ма йæ араууæрд-баууæрд кодта иу чысыл, карчы цъиуы куыд араууæрд- баууæрд кæнай, афтæ, стæй йæ суагъта. Ныр феуæгъд дæн, зæгъгæ, уый куы базыдта уæйыджы фырт, уæд, гъæйт-мардзæ!— йæ син йæ фæстæ ласгæ ныййарци сæхимæ. Иæ хо та ракаст æмæ дзуры йæ мад æмæ йæ фыдмæ: — Далæ та ме’фсымæр ссæуы æмæ мын нартæн сæ сырх дзауматæ схæссы. — Ма тагъд кæн,—дзуры йæ фыд.—Фендзынæ, цавæр сырх дзауматæ дын схæсса, уый. Батрадз мæ куы расура, зæгъгæ, уымæй тæрсгæйæ, цæф тæрхъусы згъорд кодта уæйыджы фырт, фæлæ куы адард, уæд йæ бон нал уыд, æмæ афæлдæхти. Фыд дзуры йæ чызгмæ: — Цу, акæс-ма йæм иу хатт: къуылдым-къуылдым цæр- дæг цыд кæны æви адаг-адаг хъуызгæйæ ссæуы? Акасти хо: йе ’фсымæр ададжы дæргъæй лæууы. Бацыди чызг æмæ йæ фыдæн зæгъы: — Далæ ададжы фæлдæхтæй лæууы. Цы базонын хъуыди зæронд уæйыгæн йæ фырты хъуыддаг. Галтæ арвыста, æмæ æрдæгмардæй сластой Алæфы. — Нæ дын загътон, мæ фырт, нартæн тыхгæнæг тых нæ ары,—бадзырдта фыд йæ фыртмæ. Йæ зæрдæ йе ’муд куы ’рцыд, уæд фæрсы йæ фыды Алæф: — Цæмæй афтæ тыхджын у Батрадз? — Уымæй, æмæ йæхи уæларв Куырдалæгоны куынцгомы байсæрын кодта,—дзуапп ын радта йæ фыд. — Гъæ, сохъыр хæрæг, æмæ мæн цæуылнæ байсæрын кодтай Куырдалæгонæн! — фæхъæр кодта йæ фыдыл Алæф. Сыстад æмæ араст ис уæларв Куырдалæгонмæ. Схæццæ ис æмæ дзуры: — Куырдалæгон, мæнæ дын сызгъæрин æмæ Батрадзы куыд байсæрдтай, афтæ мæн дæр байсæр. — Батрадз æндон уыди, фæлæ ды басудздзынæ, æмæ тæригъæд дæ,— зæгъы йын Куырдалæгон. — Байсæр мæ, æндæр амал нæй. Куырдалæгон бирæ дзурын нæ уарзта: райста сызгъæрин, 79
бавæрдта Алæфы куынцгомы æмæ йæм куынц сарæзта. Куыддæр Алæфмæ арт бахæццæ ис, афтæ йæ дзыхы дзаг ныхъæр кодта: — Басыгътæн, тагъддæр мæ айс, нал сæрын кæнын мæхи! Куырдалæгон æртдзыскæн радавта, фæлæбурдта уæйыджы фыртмæ, фæлæ дзы сыгъдæтты йеттæмæ ницыуал баззади. Куырдалæгон сыгъдæттæ райста æмæ сæ æнæсдзургæйæ бы- рæттæм акалдта.
БАТРАДЗ ÆМÆ СОХЪЫР УÆЙЫГ ÆФСÆРОН æ фырты сæфты фæстæ йæ фæрстæ цъæх арт уагътой сохъыр уæйыг Æфсæронæн—афтæ мæсты уыди. Нартæй йæ маст цæмæй райса, ууыл архайдта, æмæ алы фæндтæ кодта. Батрадзæн йæхимæ кæм бауæндыдаид, фæлæ, дын, иу бон бахуыдта нарты зæрæдты—Уырызмæг æмæ Хæмыцы. Йæ фырттæн бафæдзæхста: „Фæсхæдзар æмбæхстæй лæуут; нозт тых кæнын куыбайдайа нарты зæрæдтæн, уæд уæм бæрæг кæндзынæн, æмæ- иу уæхи хæдзармæ хæстæг ласут". Нæ бацауæрста цæхх æмæ кæрдзыныл Æфсæрон—сырды фы- дæй фынгтæ зæхмæ тасыдысты, рахаста нозт æмæ дæлæмæ рæгъ, уæлæмæ рæгъ1, афтæмæй нуазын райдыдта Уырызмæг æмæ Хæ- мыцимæ. Ницы фыд æнхъæл уыдысты нарты дыууæ зæронды æмæ нозтæй сæхимæ куыннæ фæкастаиккой! Гъа ныр сæм нозт хъа- рын байдыдта, зæгъгæ, афтæ, дын, Æфсæроны фырттæ хæдзар- мæ сæхи хæстæг баластой. Уæд сохъыр уæйыг стыр куыси райста йæ къухмæ æмæ Уырызмæгмæ худæндзастæй радзырдта: — Зæгъ-ма, Уырызмæг, дæ хорзæхæй — фыдæлтыккон зарæг дын азарон æви нырыккон зарæг? 81
— Зарынмæ дæсны кæй дæ, нæ фысым, уый фехъуыстон. Кæд нын дæ буц хъæлæсы уаг æвдисын сфæнд кодтай, уæд нырыккон зарæг азар—фыдæлтыккон зарджытæ ма, чи зоны, искуы фехъуы- стаиккам, —бадзырдта йæм Уырызмæг. Æмæ ныззарыди сохъыр уæйыг: „Уæд, дын, иу фæззыгон мигъ бон бæзджын хъамылмæ æр- бафтыди дыууæ нæл хуыйы. Ссырджын хъыхъаг куыйтæ сæ ал- фæмблай æрзылдысты. Æвæццæгæн, нал аирвæздзысты уыцы дыу- уæ нæл хуыйы уыцы ссырджын куыйтæй,—фаркгай сæ куы скæн- дзысты, фаркгай, уæдæ!" Цы бамбарын хъуыд Уырызмæг æмæ Хæмыцæн, уыцы зарæг цы амыдта, уый. Сæ нозт фесæфти; лидзыныл дæр нæ бацауæр- стаиккон, фæлæ сын фадат нал уыд. Уыцы афон Батрадз уыд уæлхохы; айхъуыста Æфсæроны зарæг, рагæпп кодта бæрзондæй æмæ сохъыр уæйыджы кæрты æрхаудта. Уырызмæг æй йе’ндоны хъæрæй уайтагъддæр базыдта. Куыннæ бацин кодтаид зæронд, æмæ ныззарыди: Ой, дæ цæрæнбон бирæ уа, Нæ рæдау фысым! Сырды фыдæй нæ бæргæ хорз федтай, Бæргæ нæ бахъæлдзæг кодтай Дæ сызгъæрин хъæлæсæй, Фæлæ зарæг йæ кæронмæ Куы нæ ахæццæ кодтай, мæ хур! Хъуыды ма кæнын—зарæг дарддæр Афтæ у: „Нæл хуытæм æххуыс кæнынмæ Хохы бæрзондæй фæзынди иу франчы лæппын,— Æвзыгъд æмæ цæхæрцæст. Æвæццæгæн, æмæ уыцы;ссырджын куыйтæ Ныр нал фервæздзысты— Астигъдзæн сæ уыцы франчы лæппын!" Иæ зарæг конд куыддæр фæци Уырызмæг, афтæ Батрадз хæ- дзары смидæг ис, тарваз ратыдта æмæ,—дæ балгъитæг афтæ,— уæйгуыты—фыдæй, фыртæй—ныттæбæкк, ныммур кодта. Йæхæдæг Уырызмæг æмæ Хæмыцы рахуыдта æмæ сæ Нарт- мæ æрхæццæ кодта.
БАТРАДЗ ХЫЗЫ ФИДАР КУЫД БАСАСТА Шарты Сосланы ус уыди Хуры чызг. Рагæй фæнд кодта Хызы æлдар Сосланы усы йæхи бакæнын — аскъæфын. Æууæрдын райдыдта йæ бæхы, — авд азы дæргъы йæм фæзылди къæйгонд хъæбæр хорæй. Иухатт, дын, Сосланы ус хуртуантæ1 кодта. Хызы æлдар æй федта, сбадти йæ хорхаст бæхыл æмæ арасти Сосланы хæдзар- мæ. Сослан уыцы рæстæджы уыди дард балцы. Хызы æлдар Хуры чызджы афардæг кодта, уæдæ цы уыдаид. Йæ хæд уæлвæд Сослан йæ балцæй æрыздæхти, æмæ йæ усыл йæ цæст куы нæ æрхæцыд, уæд бафарста Сатанайы, кæм ис, зæгъгæ. Сатана йын радзырдта, йæ усы йын Хызы æлдар кæй ахаста æмæ йæ Хызы фидары кæй дары, уый. Æрæмбырд сты нарт æмæ афсад кодтой2 Хызы фидармæ. Æртыхстысты фидары альшарс æмæ йыл хæцын байдыдтой, фæлæ йæ басæттын сæ бон нæ баци, уый тыххæй æмæ Хызы æлдар æрæмбырд кодта нарты ныхмæ, зæд æмæ дуагæй цыдæриддæр уыд, уыдон. Ныууагътой нарт хæцын æмæ аздæхтысты фæстæмæ. Цыма сыл судзгæ мард æрцыд, афтæ ныйисты нарт. 83
Уæд Сатана æртæ мыдамæсты3 ракодта. Кувæн къуыппмæ4 ра- уад æмæ кувы: „Хуыцæутты хуыцау, мæхи хуыцау! Кæд мæ ис- тæмæн рафæлдыстай, уæд ме’нæныййаргæ фырт уæларв зæдтæ æмæ дауджытимæ тæрхоны бады æмæ ныртæккæ ам цы фесты, уый ратт—тых æрцыди нартыл". Батрадз Сатанайы куывд куы фехъуыста, уæд афтæ тынг рамæсты, афтæ, æмæ йе’ндон сырх зынг аци5. Раттæррæст код- та æмæ раст Уырызмæг æмæ Сатанайы авд æттæгуæлæ6 мæсы- джы сæр сæмбæлд. Авд уæладзыджы дæр судзгæ æрцыд æмæ æппæты бинаджы, донæй йæ тæккæ дзаг, ахæм стыр цæдджинаджы ныххауд. Куы æруазал, уæд рацыд æмæ Сатанайы фæрсы, цы ныл æрцыди, зæгъгæ. — Цы ма ныл æрцæуа,—Хызы æлдар Сосланы усы аскъæф- та йæ фидармæ,—радзырдта йын Сатана. Батрадз фæдзырдта нартмæ æмæ сæ йемæ айста. Хызы фи- дар куы сзынди, уæд Батрадз æрлæууыд æмæ дзуры нартмæ: — Мæнæ мæ мæ фатмæ фидар бабæттут. Нарт дис кæнынц, фæлæ йæ уæддæр бæттынц. Бабастой йæ йæ зæрдæ куыд загъта, афтæ. — Гъе ныр мæ æрдыны сæвæрут. Уæ бон циу, уымæй æр- дынбос алвасут æмæ мæ Хызы фидармæ фехсут. Куыд сын загъта, афтæ бакодтой нарт. Къæхтæ æмæ къухтæ хæлиуæй ахаста Батрадз, афтæмæй фидары къулыл сæмбæлд æмæ йæ батыдта. — Гъæ, куыдз кæй ныййардта, уый! Нарт афтæ æнæз- мæлæг фесты, æмæ сын ды сæ устыты скъæфай! -февнæлдта Хы- зы æлдармæ æмæ йæ цонгæлвæст, сæрыскъуыд фæкодта. Ракодта Хуры чызджы æмæ йæ Сосланыл сæмбæлын кодта.
НАРТЫ САУ РУВАСДЗАРМ Шарты Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан цуаны ацыдысты. Семæ сæ хæрæфырт Ацæ уыди, æмæ йæ скъæрæг акодтой. Æнæхъæн бон-изæрмæ се ’ртæйæ куы иу бабады рындзыл, куы иннæ. ИзæрьГрдæм куы уыдис, уæд та Ацæ раскъæрдта рувас Уырызмæг, Сослан æмæ Хæмыц æмæхст фæкодтой. Рувас расхъиудта æмæ фæтымбыл. Иу иннæмæ дзуры: „Æз æй амардтон". Иннæ дæр зæгъы „Æз æй амардтон". Уæд Сослан загъта: — Ныр сымах дзурдзыстут, æз æй амардтон, æз æй амард- тон, зæгъгæ, кæд, мийаг, æхсгæ дæр нæ фæкодтат, уæд дæр! Æмæ йын Уырызмæг æмæ Хæмыц афтæ зæгъынц: — Ау, æмæ нæ фæттæ дæр нæ уыдзысты бæрæг?! — Мæнæн мæ фат нæ фыдæлты джиппы уагъд уыд,—загъта сын Сослан. — Мæнæн та мæхи къухæй конд уыди, мæ уырзтæй кæй фæцарæзтон, ахæм,—зæгъы Уырызмæг. — Æз та Сафайы цур бадтæн æмæ кастæн, æфсæйнæгтæ лыгтæ куыд кодта, уымæ. Æфсæйнæгтæн сæ кæрæттæй скæнын кодтон мæхицæн фат,—сдзырдта Хæмыц. 85
Ссыдысты рувасмæ, бастыгътой йын йæ царм æмæ йæм æр- кастысты: Уырызмæджы фат ын йæ бæрзæй асаста, Хæмыцы фат— йæ син, Сосланы фат та йын асаста йæ астæу. Хæмыц загъта: — Æз, хъох-дæндаг1 Хæмыц, нартæн æмбисонд дæн. Ацы рувасдзармæй кæрц скæнын мæныл æмбæлы. Сослан загъта: — Ау, æмæ уæд нарты Сосланыл цæуылнæ æмбæлы? Уырызмæг загъта: — Мæныл æмбæлы. Афтæ нæ фидыдтой æртæ ’фсымæры, сæ кæрæдзимæ дæр ма баууырдыг сты. Ацæ зæгъы йæхи нымæры: „Хуыцау мæ бабын кодта,— тæ’ мады ’фсымæртæ фыдбылызы хауынц". Æмæ сæм дзуры: — Уæ кæсдæр дæн, фæлæ уæм уæндын. Цæй æмæ афтæ бакæнут: æмбисæндтæ æрхæссут; æмæ уæ кæй æмбисонд хуыз- дæр уа, рувасдзарм уый фæуæд. Сразы сты Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан. Фæрсынц Ацæйы: — Æмæ кæсдæрæй райдайæм æви хисдæрæй? Уый сын загъта: — Раздæр астæуккаг радзурæд, стæй кæсдæр, уый фæстæ та хисдæр. Æмæ Хæмыц райдыдта дзурын: — Æз æмбисæндтæ федтон, диссæгтæ федтон — сеппæт нæ фæдзурдзынæн. Ахар - Калачы кæфтæ æлхæнынмæ уыдтæн ме ’мцек2 лæппуимæ, æмæ иу ран иу суадонмæ æрцыдыстæм. Лæп- пумæ дзурын: „Æз иу чысыл ахуыссон, ды уæрдонæй иу хус кæ- саг райс æмæ йæ доны ахуылыдз кæн. Кæсаг куы бафæлмæн уа, уæд мæ-иу сыхъал кæн,—исты ахæрæм æмæ нæ фæндаг дарæм дарддæр". Уыйадыл æз афынæй дæн. Лæппу кæсаг райста æмæ йæ доны æрæвæрдта. Уадидæгæн мæ фехъал кодта: „Хæмыц, кæ- саг суадоны ныцъыллинг ласта æмæ афардæг". „Бахордтай йæ, æмæ дын хæлар уæд, — искуы ма хус кæсаг ныцъыллинг ласы!"—Æндæр ын цы загътаин! Хуыцауæй, зæххæй ард хæры лæппу, кæй йын алыгъд, ууыл. Æгæр хъæддых мæм куы ныллæууыд, уæд ын æз зæгъын: „Ды лæппу куы дæ, уæд кæмæй хынджылæг кæныс?" Фæмæсты дæн æмæ йæ кардæй ныцъыкк ластон æмæ йæ дыууæ дихы фæкодтон. 86
Лæппу фæмард уыцы ран. Æз кæуын, дзыназын: „Мæ кæс- дæры мæ гуыбыны тыххæй амардтон. Ныр ма нартмæ цы цæсго- мæй ныццæудзынæн? Мæ дзыллæмæ, мæ хъæумæ ма цы цæсгом равдисдзынæн?!" Æвæдза æз дæр куы бавзарин,—ахъуыды код- тон. Æмæ йæ доны цæвæрдтон. Йæ мад æй куыд ныййардта, аф- тæ дзыхъынногæй рауади лæппу донæй. „Цымæ ма абонæй фæс- тæмæ æз хуыцауæй дзбæхдзинад бацагурдзынæн: ай мын æгъ- гъæд хорздзинад нæу?!" загътон мæхицæн. Фыр цинæй нæ хæ- дзармæ заргæ-заргæ, худгæ-худгæ æрфардæг стæм. Æз уымæй æм- бисонддæр ницы федтон. — Йа, Сослан, ныр дæ оад у,—дзуры йæм Ацæ. — Æз дæр æмбисæндтæ куыннæ федтон, диссæгтæ куыннæ федтон, фæлæ сеппæт кæм фæдзурдзынæн. Æз дæр иу кæсдæри- мæ Зилахары быдыры цуаны уыдтæн. Иу сæгуыт амардтам. Обауы рæбынмæ æрбацыдыстæм,—æрбахастам æй уырдæм. Уæхстыл дзы физонæг бакодтам. Лæппуйæн загътон: „Æз иу чысыл ахуыссон, ды арт бацырын кæ. Физонæг куы бацæттæ уа, уæд мæ-иу райхъал кæн—исты ахæрæм æмæ нæ фæндагыл цæуæм дарддæр". Уалынмæ мæ лæппу сыхъал кодта. „Сæгуыт райгаси,— физо- нæг дæр артыл нал ис,—æмæ фæлидзы", загъта лæппу. „Лæппу, физонæг, æвæццæгæн, хæргæ бакодтай, сæгуытæн йе ’ннæ та искæмæн радтай—ам фæндагыл цæуджытæй фылдæр цы ис,—уый йеттæмæ уый та цы ныхас у!" зæгъын лæппуйæн. „Хуыцау æмæ зæхх ме ’вдисæн, ницы бахордтон, ницы фед- тон, искæмæн дæр ницы радтон,—алыгъди мын", дзуры лæппу. Ууыл æз фæмæсты дæн æмæ кард фелвæстон, лæппуйы ны- цъыкк ластон æмæ йæ дыууæ фæкодтон, хынджылæг мæ кæныс, зæгъгæ. Лæппу уым фæмарди. Æз кæуын байдыдтон, æрдиаг, сагъæс, мæ гуыбыны фыдæй мæ кæсдæры амардтон, зæгъгæ. Цымæ æцæг уыдаид, зæгъгæ, лæппуйы систон æмæ йæ уæх- стыл бакодтон, куыд алыгъдаид, уый фæлваргæйæ. Арт бацырын- дæр кодтон æмæ лæппуйы уæхстыл артмæ дарын... Йæ мад æй куыд ныййардта, афтæ дзыхъынногæй рауад æмæ мæнæй рахъаст кодта: „Цæмæн мæ райгас кодтай, æз Мæрдты Бæсты дæ усимæ симдтон æмæ мæ нæ бауагътай". Уымæ байхъусгæйæ, æз дæр кард мæ зæрдæсæры фæцавтон æмæ амардтæн. Кæсын, æмæ, æцæг, Мæрдты Бæсты симынц. Æз 89
дæр мæ усы цонгыл ныххæцыдтæн æмæ симын. Барастыры раз бадджытæ Барастырмæ дзурынц: „Уый нарты Сослан куы у, уæд ам цы ми кæны?" — „Уый йæ усы феныны тыххæй йæхи амардта æмæ нæм афтæмæй æрбацыди", загъта Барастыр. Мæ усимæ æрцыдтæн мæрдтæй, фырт мын райгуырд æмæ мæ ацы рувас- дзарм хъæуы мæ фыртæн худæн. Гъе, æндæр хуыздæр æмбисонд æз ницы зонын, мæ хæрæфырт Ацæ, —фæци дзырд Сослан. — Йа, Уырызмæг, ныр та дæ рад у, загъта Ацæ. Æмæ райдыдта Уырызмæг дзурын: — Æз дæр нæртон лæг дæн. Æмбисæндтæ мæм бирæ ис, диссæгтæ мæм бирæ ис, фæлæ уыдон кæм фæдзурдзынæн æз сегас. Уыдтæн æрæгвæззæджы Зилахары быдыры цуаны. Мигъ мыл ныббадти, сау мæйдар мыл скодта, кæдæм ацыдаин, уымæн ницы- уал бæрæг уыди. Æххормаг, дойныйæ мæ уд æрдуйæ нарæгдæр сси. Хуыцау мæ иу хæмпæлмæ бахаста, иу фийæутты хъæууатмæ. „Гъей-джиди, ам кæрт исты куы уаид, уæд мидæгæй схуыссин фидардæры тыххæй", загътон мæхи нымæры. Уыцы ныхас куы скодтон, уæд, дын, кæсын, æмæ мæнæ иу кау. Кауы мидæгæй фæзынди дуар. „Мидæгæй куы схуыссин, уæд мын æдасдæр уаид", зæгъгæ, мидæмæ бацыдтæн. Кæсын—дисса- джы агъуыстытæ. Чысыл мæ зæрдæ фæфидар ис. „Гъей-джиди, ныр исты бахæр!" Уыцы ныхас куы скодтон, уæд фынг мæ размæ рацыди, дуне хæрд, нозт йæ уæлæ, афтæмæй. Мæ зæрдæ мæнæ гæркъæраджы зæрдæйы хуызæн срухси, мæхи куы бафсæстсн, уæд. „Гъе ныр мæ ницыуал хъæуы, бафсæстæн". Æркъул кодтон нозтджынæй, хæрдджынæй, зæрдæхъæлдзæгæй. Æмбисæхсæв куы фæци, уæд бæстæ ныррухс. Кæйдæр хæдзар басыгъди, зæгъгæ, фæтарстæн. Уалынджы дзурын фехъуыстон: „Ма тæрс, нæртон лæг, уый мæ къах ра- зындиа. „Ай цы диссагу^-йæ къах уыцы æрттывд кæмæн кæны, уый йæхæдæг цавæр у?!" Уæндгæ дæр нал кодтон. Уалынмæ та ноджы тынгдæр ныр- рухси. Рахъил кодтон, хæдзар басыгъди, зæгъгæ. „Ма тæрс, нæртон лæг, уый мæ къух разынди". „Ай адæйма;жы хъæлæс у, фæлæ уыцы рухс чи кæны, уый уагæры цавæруа?!" Æртыккаг хатт та ноджы тынгдæр ныррухси. Рахъил код- 90
тон, æмæ дис кæнын. Иннæ уатæй та мæм æрбайхъуысти дзурын: „Ма тæрс, нæртон лæг, мæ дзыкку азынди". „Ай цы у, уый куы нæ базонон, уæд гæнæн нæй", загътон æз. Сыстадтæн æмæ йæм фæцæуын. „Курын дæ, æмæ мæм хæстæг ма’рбацу, — хуыздæр дын нæ уыдзæн", дзуры мæм ус. Бын бауа нозтджын лæг! Уæддæр мæ мæ хæрд æмæ мæ нозт батардтой. Бацыдтæн æм. Уый мæ нымæтын ехсæй æрцæфтæ кодта, æмæ хæрæг фестадтæн. Цалдæр азы мæ иу лæгмæ кусын- мæ радта. Фыргуыст æмæ æххормагæй ме’рагъ схаудта, фæхуын- чъытæ сты мæ фæрстæ. Уымæй куы рацыдтæн, уæд та мæ ныц- цавта нымæтын ехсæй, æмæ ефс фестадтæн, æмæ та цалдæр азы ефсæй фæцыдтæн. Стæй та мæ ныццавта, æмæ куыдз фестадтæн. Куыдз куы фестадтæн, уæд дунейыл мæ кой айхъуыст — уыцы усмæ ахæм хорз куыдз ис, зæгъгæ. Уæд иу æлдарæн йæ фосыл хины сырдтæ сагъуыдысты. Æл- дар уыцы усмæ æрцыди: „Курын, æмæ мын дæ куыдз ратт—ду- нейыл йæ кой кæмæн айхъуысти,—кæд мын иу æхсæв мæ фосы бахъахъæнид". „Нæ раттдзынæн, мæнæн мæ куыдз буц даринаг у". „Æмæ бирæгътæ мæ фосæй иу æхсæв кæй ныццæгъдынц, уымæй йæ фылдæр хъæуы?" Æмæ мæ радта. Аласта мæ æмæ мæ йæ фийæуттæм скодта. Æлдар ногус- джын уыд, æмæ загъта йæ фийæуттæн: „Ацы куыдзмæ-иу хорз базилут, æз нæ хæдзармæ цæуын". Адзæхст ласта æлдар йæ хæдзармæ, йæ хъал бæхыл сбадт, афтæмæй. „Дарæг дзы ма баззайæд дæ куыдзæй, кæд ма уый хъуаг нæ уыдыстæм; бирæгътæ куы æрбацæуой, уæд дзы мах фос куы нæ къаддæр кæндзысты", загътой фийæуттæ æмæ мын ницы радтой. Æмбисæхсæв куы ныллæууыд, уæд дыууадæс бирæгъы нын- ниудтой: „Уæ, Уырызмæг, Уырызмæг, фæцæуæм дæм!" Æз дæр нынниудтон: „Æз уæм мæ сæр дæр не схъил кæн- дзынæн,—уæ фæндон уæ бар!" Уыдон дыууадæсæй дæр æрбацыдысты; боны цъæхмæ сын цы æнтысти, уымæй нæ бацауæрстой цæгъцыныл. Райсом æлдар йæ хъал бæхыл схæццæ фийуæттæм. 91
„Цы фестут, исты бахъахъæдта?" зæгъгæ сæ фæрсы. „Мæнæ-ма æрбакæс—фос æмбис фæкодтой бирæгътæ", загъ- той фийуæттæ. Æрцахстой мæ, нæмын мæ байдыдтой, чи мæм куыд æххæст, афтæ. Æлдар мæ аласта мæ хицаумæ нæмгæ-нæмгæ,—уый бæхыл, æз — бæхы фарсмæ. „Цы фæдæ,—фæрсы ус,—ницы дын бахъахъæдта?" „Æнæдарæг дын фæуæд,—мæ фос мын æмбис фæкодтой би- рæгътæ дысон". „Хуыцау дын ма ныббарæд! Хорз æй нæ федтай, æндæра ацы куыдзмæ цы хъару ис, уый æз хорз зонын", загъ- та ус. Иу æндæр æлдар та курæг æрцыд усмæ. „Дæ куыдз мын ратт, — мæ фосыл мын хины сырдтæ сагъуыдысты". „Нæ раттдзынæн, ибон дæр ма мын æй иу æлдар нæмгæ- нæмгæ æрласта, мæ фос мын нæ бахъахъæдта, зæгъгæ". „Уый иу мыккагæй у, æз—æндæр мыккагæй. Уый уыцы æл- дар у, æз та æндæр æлдар дæн: мæн ууыл ма нымай". Ус ын ницыуал загъта. Æлдар зæлдаг бæндæн йæ дзыппæй систа æмæ мын æй мæ хъуырыл бафтыдта æмæ мæ уыцы хуызæ- нæй йæ фосмæ аласта. Æххуырстытæм дзуры: „Тагъд, нæл фыстæй стырдæр чи у, уый раласут!". Бурæ нард нæл фыс раластой. „Тагъд æй аргæвдут æмæ йæ сфыцут!" Фийæуттæ йæ уайтагъд аргæвстой æмæ йæ сфыхтой. Фыдтæ мын куыд æмбæлы, афтæ хъармæй—дыдзы хъармæй3 дæттынц, фæлмæнæй фæлмæимæ. „Сæгътыл разилут æмæ йын æхсыр йæ басыл ныккæнут!" Æмæ мын мæ басыл æхсыр ныккæнын кодта. Хорз мæ федтой—дзидзайæ, басæй. Æлдар мын йæ фæсарц гауыз бабаста, йæ хæдзарæй куы раст кодтам, уæд,—фысты кæрон мын æй æрытыдта. Йæхæдæг дæр уым ныллæууыди фосимæ. Гауыз мын куы æрытыдта, уæд ыл æрхуыссыдтæн æмæ мæ дыууæ раззаг къахы кæрæдзиуыл дзуарæвæрд æркодтон æмæ сыл мæ сæр æруагътон. Æлдар дæр бафынæй, фийæуттæ дæр. 92
Æмбисæхсæв ныллæууыд, афтæ та уыцы дыууадæс бирæгъы нынни)'дтой: „Уæ, Уырызмæг, Уырызмæг, фæцæуæм дæм!" Æз нынниудтон: „Мæнмæ уын фос нæй, — дзæгъæл цыд ма ракæнут!" Дыккаг хатт нынниудтой: „Фæцæуæм дæм, Уырызмæг!" Æз нынниудтон: „Дзæгъæл цыд ма ’рбакæнут,— мæнмæ уын фос нæй!" Æртыккаг хатт нынниудтой: „Дæ фыдæх нæ уæд, Уырызмæг! Ды — иу, мах—дыууадæс!" „Рацæут, рацæут!" дзурын сæм æз дæр. Æрбацыдысты æмæ, — гъæйда-гъа! — алырдыгæй лæбурынц, суанг боны цъæхмæ. Æз сæ фыстæй иумæ дæр не’рбауагътон, афтæмæй сæ дыу- уадæсæй дæр кæрæдзиуыл самадтон—амардтон сæ. Уалынмæ æл- дар æмæ фийæуттæ райхъал сты. Сбон и. „Хуыцау нæ фесæфта, ай нæ фыстæ цæй чысыл баисты?" — Уый фыстæ кæрæдзиуыл бакъорд сты, æхсæвы сæ дыууадæс би- рæгъы куы суылæвтæ кодтой алырдыгæй, уæд. Ранымай-банымай кæнынц, æмæ фыстæ — бæрæг, æнæхъæн: иу сæныччы хъус дæр сæ нæ фæхъуыди. Фысты кæронмæ æрцы- дысты, æмæ—дыууадæс бирæгъы кæрæдзиуыл амад. Æлдар мæ йæ хъæбысы ныккодта. „Ацы бирæгътæ канд мæнæн нæ, фæлæ ма искæмæн дæр уыдысты фыдбылыз. Ацы дзæбæхтæ æз ацы куыдзæн цæмæй ба- фиддзынæн! Ацæут, —дзуры фийæуттæм, —æмæ нæл фыстæй стыр- дæр чи у, уый раласут!" Нæл фысыл дæр, стæй мæныл дæр зæлдаг бæндæнтæ баба- ста æлдар æмæ нæ æрласта усмæ. — Хорз ус! Ацы хорздзинад дын никуы ферох кæндзынæн, цалынмæ дуне дуне уа, уалынмæ, фæлæ уал дын мæнæ ацы нæл фыс мæ лæвар". Æлдар афардæг йæ хæдзармæ, уæдæ цы уыдаид! Цуанæттæ та æрбацыди усмæ: „Дæ куыдз нын ратт, — ду- нейыл йæ кой куы айхъуыстис. Уæлæ хъæды ис иу урс арс, æмæ нын ратæрын дæр нæ комы, марынмæ дæр æм нæ арæхсæм, æмæ нын æй кæд дæ куыдз ратæрид". 93
„Мæ куыдз буЦ даринаг у, æмæ йæ буц куы нæ бадарат, уæд уын ницы бакæндзæн". „Ау, æмæ мах уый фаг куыннæ ссардзыстæм? Цалынмæ уы- цы арсмæ цæуæм, уæдмæ дæр исты амардзыстæм, уæдæ ма цуа- нæттæ цæмæй стæм!" Радта мæ. Акодтой мæ. Арс кæм уыд, уырдæм куы сæввахс стæм, уæд мæ феуæгъд кодтой. Арс лидзынмæ фæци, урс арс. Уæлæ хохмæ йæхи сарæзта. Хохмæ куы схæццæ, уæд æрбадт йæ фæстæгтыл. Уалынмæ йæ æз дæр сыййæфтон. Арс мæм дзуры: „Мæнæ-ма мæ фарсмæ сбад. Æз арс нæ дæн, — æз Æфсати дæн. Дæ хъуыддæгтæ дын куы бамбæрстон, уæд арсы хуызы бацыдтæн. Бæхæй цы фыдбылызтæ федтай, хæ- рæгæй, уыдон мæ зæрдыл бæргæ лæууынц, фæлæ мæн дæр кæм æвдæлы. Ныр уадз, æмæ цуанæттæ цуан кæной, ды цæугæ дæ хæдзармæ æмæ дæхи срынчын кæн. Ус дын алы хæринаг дæтт- дзæн, фæлæ-иу дæхи ауадз, дæ дзыхмæ-иу комдзаг мауал ис. „Дарæг дæ ма уæд — куыдзы къæбыла йеттæмæ ма исты дæ!а æмæ дæ сæрты ахиздзæн, уазæгдонмæ ацæудзæн. Йæ нывæрзæн æвæрд йæ нымæтын ехс. Ус дуарæй куы ахиза, уæд-иу ды нымæ- тын ехс райс æмæ-иу дзы дæ къахæй дæхи æрсæрф. Уырызмæг уыдтæ æмæ Уырызмæг фестдзынæ. Усæн-иу йе’рбацыдмæ йæ хуыссæны сбад, нымæтын ехс дæ къухы, афтæмæй". Æфсатийы амындтæ æз иууылдæр сæххæст кодтон. Уырыз- мæг фестадтæн, нымæтын ехс мæ къухы, афтæмæй усы хуыссæ- ны бадын, æнхъæлмæ кæсын йе’рбацыдмæ. Уалынмæ мæнæ æр- бацæуы. „Гъе, додой мын фæци дæ къона: ныр та ма мын кæй мæрд- тæм цæудзынæ, æз дæ мæ фыдæбæттæ райсдзынæн!" зæгъын мæхи нымæры. Усы нымæтын ехсæй æрцавтон „хæрæг фест", зæгъгæ æмæ хæрæг фестад. Æртардтон æй Нартмæ, æмæ йæ алчи дæр зоны сымахæй,— уый у Борæты цъæх хæрæг. — Гъе уый та дын мæ таурæгъ. Уымæй диссагдæр æз ницыма федтон мæ царды,—фæци конд йæ ныхас Уырызмæг. Ацæ тæрхон кæнын байдыдта æмæ загъта: — Диссаг куыннæ сты Хæмыцы таурæгъ дæр æмæ Сосланы таурæгъ дæр. Фæлæ уыдонæй æмбисондæр сты Уырызмæджы 94
хъуыддæгтæ, хæрæгæй, бæхæй, куыдзæй чи фæцыди. Ацы рувас- дзарм æмбæлы Уырызмæгæн. Уырызмæг рувасдзармæй йæхицæн кæрц бахуыйын кодта. Ныр дæр ма ис Уырызмæджы кæрцы кой.
СÆУУАИ арты Борæтæ авд азы фæллой фембырд кодтой сæ зæ- ронд мæрдтæн кады хист скæнынæн. Хисты бонмæ ма æртæ азы куы уыди, уæд фидиуæг ны- хъæр кæнын кодтой: „Борæтæ æртæ азы фæстæ хист кæнынц сæ зæронд мæрдтæн, æмæ алчи йæ дугъон бæхмæ куыд базила, афтæ. Дугъ та уыдзæн Ахъ-денджыз1 æмæ Хъара-денджызы2 астæу сакъадахæй нарты Хъазæн фæзмæ. Хъазæн фæзы уыдзæн тырыса сагъд. Уыцы ты- рысамæ чи æрбаразæй уа, уымæн фыццаджы хай—уацайраг3 лæп- пу. Дыккаджы хай уыдзæн уацайраг чызг. Аннæ бæхтæй дæр хæцæнгарзæй, фосæй æмæ æндæр хæзнатæй иу дæр æнæ хай нæ уыдзæн". Фидиуæг куы фехъусын кодта, уæд алчи дæр йæ дугъон бæх æууæрдын байдыдта. Къандз сæумæ райсом фидиуæджы хъæр куы фехъуыста, ны- хасы бадгæйæ, уæд мæстæйдзагæй æрбацыдис йæ хæдзармæ æмæ йæ пылыстæг къæлæтджыныл мæсты бадт æркодта. Бандон ныс- састи йæ быны. Æмæ йæ уæд йæ ус фæрсы: — Цы кодтай, нæ зæронд лæг, цæуыл мæсты дæ абон? Къандз ын дзуапп радта: 96
— Фидиуæг хъæр кæны,—Борæтæ, дам, сæ зæронд мæрдтæн кады хист кæндзысты æртæ азы фæстæ, æмæ, дам, алчи йæ ду- гъон бæхмæ куыд базила, афтæ. Дугъæттæй фыццагæн хай уы- дзæн уацайраг лæппу. Дыккаджы хай уыдзæн уацайраг чызг. Ан- нæтæй дæр, дам, æнæ хай иу дæр нæ баззайдзæни. Фыццаджы хай мæн уыдаид, мæ бæхæн барæг куы уыдаид, уæд, æмæ ууыл кæуын, мæ мæстæй бандон дæр уый тыххæй ныммур ис мæ быны. — Мæсты ма кæн, æнæ байзæддаг нæ уыдзынæ, — загъта Къандзы ус. Цас рæстæг ацыдаид, чи зоны, фæлæ иу рæстæджы, — бон æмæ æхсæв кæрæдзийæ куыд хицæн кодтой, — афтæ, дын, Къан- дзы усæн райгуырди лæппу. Ном ыл сæвæрдтой Сæууай. Сæу- уайæн дзидзи дардта йæ мад, æмæ йын йæ дзидзитæ стыдта дæн- дагæй. Уæд ын дзидзи дарынмæ æркодтой æндæр усы. Уый дзи- дзи дæр стыдта. Къандз куы базыдта, лæппу хуымæтæджы лæппу кæй нæу, уæд йæ кæсдæриуæггæнджытæн загъта, цæмæй Сæууа- йы ахæссой æмæ йæ ныппарой цъитийы цъассы. Сæууайы аха- стой æмæ йæ ныппæрстой цъитийы цъассы, æмæ йæ бирæгътæ уым се ’хсырæй хъомыл кодтой. Уайтагъд ахъомыли Сæууай æмæ цуан кæнын байдыдта. Дугъмæ ма æртæ боны куы уыд, уæд та Къандз мæстыйæ бацыдис йæ хæдзармæ, пылыстæг бандоныл та æрбадт, æмæ та уыцы бандон дæр лыстæг згъæлæнтæ баци. — Уыцы лæппуйы та ма мын хуыцау мæстæй марынæн рад- та!—загъта Къандз. Фæдзырдта Кандз йæ кæсдæртæм æмæ сын загъта: — Ацæуут æмæ уыцы лæппуйы ардæм æркæнут. Кæсдæртæ ацыдысты æмæ æркодтой Къандзы лæппуйы. Лæп- пу йæ фыды куы федта, уæд æй фæрсы: — Цæуыл æнкъард дæ, мæ фыд? Къандз хъуыддаг радзырдта. — Æмæ кæм ис дæ бæх? — Мæ бæх ныккæнды æнæ дондæттæг æмæ æнæ хицауæй æфсæн æрттигътæ4 хæры. Ацу йæм, æмæ дæ кæд йæхимæ бав- налын бауадза, уæд ды æцæг уыдзынæ Къандзы фырт æмæ мын мæ бæхæн барæгæн бæздзынæ, кæннод цы кæнон! Сæууай ныккæндмæ ныццыди бæхмæ. Бæх æй йæ фæстаг 97
къæхтæй рариуыгъта, фæлæ лæппу бæхы къæхтæ ацахста æмæ йæ зæххыл ныххоста. Уый фæстæ йын афтæ зæгъы: — Фæлдысты фæ’уай, æгъгъæд дын нæу фаджысы æмби- йынæн? Уæд æм бæх сдзырдта: — Ды Къандзы фырт куы нæ уаис, уæд мын ныры онг мæ къæдзилы хъисмæ дæр куы ничи-ма æрбавнæлдта, ды та мæ зæх- хыл куы фæхостай. Ныр, абонæй фæстæмæ, мæнæн бæздзынæ барæгæн. — Ды та мын бæхæн бæздзынæ абонæй фæстæмæ. Сæууай йæ фыдмæ ссыд æмæ йын зæгъы: — Гæрзтæ дын ис æви нæй? — Мæ кардæн йæ фындз йæ фистоны сагъд, афтæмæй лæу- уы æмæ цъæх арт уадзы. Ме’рдын та æфсæн рæхыстæй æфсæн цæджындзмæ баст у æмæ хæстмондагæй сырх арт уадзы. Мæнæ дын авд дæгъæлы. Авд дæгъæлы сты авд дуарæн. Гæрзтæ сты уыцы дуары мидæгæй. Æмæ сæ райсын куы бафæразай, уæд гæрзтæ уыдзысты дæу, кæннод та уыдзæн дæ мæлæт æмæ дын мæ аххос ма уæд. Сæууай æхсæз дуарыл бахызти, æвдæм дуар куы бакодта, уæд кард йæ фындз феуæгъд кодта, æфсæн цæджындзыл сæм- бæлд æмæ йæ сæнчы хуызæн ахауын ласта. Сæууай карды фи- стоныл фæхæцыд æмæ йæм дзуры: — Арт мауал уадз, мæнæ мæ астæу —дæ бынат! Æрдынмæ бавнæлдта, æмæ æрдын æртæ æхсты фæкодта уæларвмæ, йæхи рацæйтыдта æфсæн цæджындзæй. Сæууай йæм фæцарæхст æмæ йæ йе’фцæджы афтыдта æмæ æд гæрзтæ рацыди фæстæмæ. Бæх ахæм бæх уыд, æмæ-иу дон нæ банозта бирæ æзты дæргъы, цалынмæ-иу æй, æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ хицæн цы афон фæкæнынц, уыцы афон нарты Дзыхы-донмæ баластæуыдаид, уæдмæ. Уыцы афон та-иу Сатана цыдис авд æттæгуæлæйы сæрмæ. Уырдыгæй-иу Сатана касти, зæххыл æмæ уæларв амондæй æмæ æнамондæй цы ис, уыдон базоныны тыххæй. Афтæмæй иухатт Сатана федта Къандзы бæхы нарты Дзы- хы-донмæ баласгæ. Сатана базыдта, Къандзы бæх кæй у, уый, — 98
бæхæн йæ ныхыл уыди Бонвæрнон стъалы. Æрцыд æмæ Уы- рызмæгæн радзырдта: — Нæ цин хуымæтæджы фæци: дугъы уацайраг лæппу мах нал фæуыдзæни: Дзыхы-доны дон нуазгæ федтон Къандзы бæ- хы, фæлæ йæ донмæ чи раласта, уый нæ рабæрæг кодтон. Уырызмæг Сатанайы бафхæрдта, Къандзæн цот куы нæ уал ис, уæд ын йæ бæх донмæ чи раластаид, зæгъгæ. Сатана та дыккаг, æртыккаг уыцы афон дæр ацыд æмæ-иу каст Дзыхы-донмæ, бæхы-иу ноджы бæлвырддæр базыдта, фæлæ йæ чи раласта, уый не сбæлвырди. Сæууай бæхы ныхы стъа- лыйæ дзæбæх нæ зынди. Дугъы æмгъуыд куы ’рхæццæ, уæд дугъæттæ ацыдысты ду- гъы, æмæ Ахъ-денджызæй Хъара-денджызы астæу иу ран сæ фæллад уагътой иу азы дæргъы. Уæд Сæууай дæр йæ фыд Къандзæн хæрзбон загъта, бæх ныкъæрццытæ кодта æмæ хæдзары сæйраг рудзынгыл5 бындзау атахт. Арасти Хъара-денджыз æмæ Ахъ-денджызы астæу са- къадахмæ, дугъæттæм. Быдырты æмæ хъæдты сагтæ æмæ сæ- гуыттæ маргæ рафардæг, сæ цæрмттæй сын хуыйæндæгтæ6 уагъ- та, афтæмæй. Дугъы рауайæн æхсæв дугъæтты фынæйæ баййæфта Сæу- уай. Сæ идæттæ, сæ сæргъты дзауматæ сын фæхуыдта, йæхæдæг дарддæр рацыд, йе ’фтаугæ йæ быны бакодта, саргъ—йæ нывæр- зæн, йæ андиаг7 нымæт йæ уæлæ æркодта, афтæмæй æрхуыссыд æмæ бафынæй. Бæхы йæхи бар ауагъта, æмæ бæх денджызы йæхи цынадта. Дугъæттæ араст сты æмæ, гъа ныр нарты фæзмæ бахæццæ уыдзысты, зæгъгæ, афтæ Сæууаймæ йæ бæх бацыди, райхъал æй кодта æмæ йын дзуры: — Сыст æмæ цом, —абон дугъæттæн сæ бахæццæйы бон у æмæ махæн дæр цæуын афон у. Бæх уыди ног над, сыгъдæг, айкæвдылды хуызæн. Сæууай бæхыл саргъ баппæрста, абадт ыл æмæ арасти нарты фæзмæ. Нарты фæсивæд авд æттæгуæлæйы сæрæй кастысты дугъæт- тæм, кæй бæх æрбаразæй кæны, уый базоныны тыххæй. Кæсынц, æмæ Уырызмæг æмæ Хæмыцы бæхтæ, галтæ ифтыгъдæй куыд уой, афтæ, фæрсæй-фæрстæм разæй æрызгъорынц. Уыдон фæстæ та, æртыккаг, уыди Сосланы бæх. Æппæты фæсте баззади Сыр- 99
доны бæх. Нарты фæсивæд Сырдоны мæстæй марын байдыдтой: „Дæ бæх та уæртæ уæргътæ æрбахæссы, гæды Сырдон!" Уалынмæ, дын, кæсынц, æмæ Къандзы зыгъар бæх æрбара- зæй кæны, зынын байдыдта дзæбæх, фæлæ йæ уæлæ чи бады, уый нæ иртасынц, —саргъы гоппæй уæлæмæ дæр нæ зыны. Сырдон сын зæгъы: — Мæ ’бæх æппæты фæсте уаргъдзау у, фæлæ уын æз, дис- саг цы у, уый радзурон. Иу зыгъар бæх уын уæ бæхты рахиз хъустæ тоны æмæ сæ галиуы’рдæм калы. Æппæты фæсте ис мæ бæх æмæ æппæты разæй уый хъус атыдта, стæй кæй куыд æй- йæфта, афтæ сæ тонгæ цыдис. Æмæ ныр, нарты хъал фæсивæд, сымах дæр, мæнæй уæлдай, фыццаджы хайæ ницы фендзыстут. Сослан нал фæлæууыди, сгæпп кодта мæсыджы цъуппмæ, къухаууонæй акаст. Куыддæр йæ бæхы ауыдта, йæ бæхы хъусы атынд дæр уæд æрцыди. Стæй та федта Хæмыцы бæхы хъусы атынд, уый фæстæ та Уырызмæджы бæхы хъусы атынд. Уалынмæ дугъæттæ æрбахæццæ сты. Сæууай тырысайыл йæхи уарийау ныццавта, раскъæфта йæ æмæ Бурæфæрныгмæ дзуры: — Мæ уацайраг лæппу æмæ мæ уацайраг чызджы ардæм æр- бакæн. Бурæфæрныг зæгъын ницыуал суæндыд æмæ, Сæууай куыд загъта, афтæ бакодта — уацайраг лæппу æмæ йæм уацайраг чыз- джы æрбакодта. Сæууай сæ йæ фæсарц авæрдта, йæ фыдмæ сæ æрбахаста æмæ йын зæгъы: — Мæнæ дын мæ фыццаджы хай—лæппу-уацайраг, мæнæ дын уый та мæ дыккаджы хай—чызг-уацайраг. Къандз йæ фырт Сæууайæн зæгъы: — Бæздзынæ мын абонæй фæстæмæ фыртæн, æмæ дæ адæм хондзысты Къандзы фырт Сæууай. Ацы хъуыддагыл рацыди бирæ афонтæ. Иу бон Сæууай йæ фыдмæ бацыд æмæ йын загъта: — Æз балцы цæуын. — Цæугæ, мæ чысыл Сæууай, фæлæ уал дæхи гыццыл ба- рæвдыдтаис, гъе уæд хуыздæр уыдаид дæ балцы ацыд. Кæннод, Къандзы цотæй дæ, уый Уырызмæгтæ куы базоной, уæд дæ цæ- рын нæ ныууадздзысты,—дæ дæс æфсымæры дын куыд байсæф- той, афтæ дæ байсафдзысты, æмæ та уæд æз дзæгъæлæй зайын. 100
— Ма тæрс, мæ зæронд фыд, æз дын мæхи бæсты уадзын лæппу æмæ чызг, æмæ уал дæ уыдон ирхæфсдзысты. Мæныл та Уырызмæгтæ нæдæр хиндзинадæй, нæдæр зондæй, нæдæр тыхæй фæуæлахиз уыдзысты, уымæй дæ ныфс уæд мæнæй. Сæууай йæ бæхыл абадт æмæ арасти. Йæ фыд ын фæнда- раст загъта. Ссыди Сæууай нарты Хъазæн фæзмæ æмæ бахъæр кодта Уырызмæгмæ: — Цом, Уырызмæг, хæтæны! Йæ хъæрæй Уырызмæджы хæдзары цары сæгтæ æрызгъæл- дысты. Дыккаг хъæр та бакодта, уæддæр Уырызмæг æттæмæ нæ ра- каст. Æртыккаг хъæр куы бакодта, уæд Сатана Уырызмæгмæ дзуры: — Ды уал ам бад, æз æм акæсдзынæн. Сатана рауад æмæ Хъазæн фæзмæ лæппумæ дзуры: — Райсоммæ йæм фæлæу—ацæттæ йæ кæнон. Сæууай Хъазæн фæзы, йе ’фтаугæ йæ быны, саргъ йæ ны- вæрзæн, йæ андиаг нымæт йæ уæлæ, афтæмæй æрхуыссыди. Сатана бацыд æмæ зæгъы Уырызмæгæн: — Фыдбылызы лæппу дыл бафтыд, æмæ дын æнæ цæугæ нæй, фæлæ дæхи цæттæ дар, дæхицæн кæсдæриуæггæнджытæ акæн. Уырызмæг Сатанамæ байхъуыста, йæхи ацæттæ кодта æмæ араст, йæ ехс барæй байрох кодта сæхимæ, афтæмæй. Сослан æмæ Хæмыцы дæр йемæ акодта. Æрбацыди Хъазæн фæзмæ: кæ- сы, æмæ Сæууай хуыррыттæй хуыссы. — Сыст, лæппу, уæлæмæ, æмæ цом!— фæдзырдта йæм Уы- рызмæг. Сæууай йæ бæхыл саргъ авæрдта, абадт ыл, æмæ араст код- той. Бирæ куы фæцыдысты, уæд Уырызмæг дзуры: — Мæ ехс байрох нæхимæ æмæ йæм фездæхон. Сымах уал цæут, æз дæр уæ феййафын. Сæууай кæм ауагъта Уырызмæджы, сæ хисдæры! Загъта: — Æз æм фездæхдзынæн æмæ уæ тагъд раййафдзынæн. Йæхи ехс Уырызмæгæн радта, афтæмæй раскъæрдта Уырыз- мæджы хæдзармæ. Йæ бæх Уырызмæджы бæхбæттæныл абаста, уазæгдонмæ бацыд æмæ уым бады. Сатана йæм йæ чызджы тас 101
æмæ хъуывгъанимæ рарвыста. Чызг Сæууайы къухтыл дон æр- кодта. Лæппу йæхи æхсы. Йæхи æхсад куы фæци, уæд чызгмæ дзуры: — Цы хорз чызг дæ, фæлæ æвгъуаг къуылыхæн. Чызг йзд мадмæ кæугæ бацыд æмæ йын зæгъы: — Ныры онг мыл куы ничи-ма схудти, уæд мæ уыцы уазæг къуылых цæмæн схуыдта? Сатана чызджы басабыр кодта, йæ басмахъ8 ын раласта, еууы нæмыг дзы ссардта æмæ хæцы йæ чызгмæ: — Дæ басмахъы еууы нæмыг уыди, уый нæ зыдтай, фæлæ йæ уазæг базыдта. Ацу, фынг ын ахæсс — ныр дæ къулыхæй нал бафаудзæн. Фынг ын йæ разы куы æрæвæрдта чызг, уæд та йæм Сæууай дзуры: — Дзæбæх чызг дæ, æрмæст ма дæ рахиз фарс рæсыддæр куы нæ уаид, уæд. Чызг та йæ мад Сатанамæ бацыд æмæ йын зæгъы: — Мæ рахиз фарс та мын рæсыд схуыдта уыцы уазæг. Сатана йæ чызджы æгънæджытæ фефтыдта æмæ дзы,судзи- ны хуыды фæстæ цы чысыл æндах аззайы, ахæм райста. Чызджы та бафхæрдта, дæхимæ зилын нæ зоныс, зæгъгæ. — Ацу, ныр ын йæ фынг рахæсс, æмæ ма дыл цы фау сæ- вæра, уый мын-иу зæгъ, — дзуры Сатана йæ чызгмæ. Чызг та Сæууаймæ куы бацыд фынг исынмæ, уæд та йæм Сæууай дзуры: — Гъæйтт, уæууæй, гъе, чызгай! Цы рæсугъд æмæцыуынд- джын дæ, фæлæ дæ рахиз цæст цъынд у, æмæ æвгъау дæ со- хъырæн. Чызг фынг ахаста æмæ та кæугæйæ йæ рладæн рафæзмыдта уазæджы ныхас. — Куыннæ дæ хона сохъыр?! — загъта Сатана æмæ бакастийæ чызджы цæстмæ æмæ дзы цæстыхау райста, хæцыди та йæ чызг- мæ, æппын чызгау дæхимæ зилын нæ зоныс, зæгъгæ. Сатана чызгмæ радта Уырызмæджы ехс. Чызг ехс рахаста æмæ йæ Сæууаймæ балæвæрдта. Сæууай чызгæн раарфæ кодта: — Кæй дæ, уымæн хайыр у; уый фæстæ кæй уай, уымæн дæр- 102
иу хайыр фæу — ды дæ тынг хорз чызг, хуыздæр скæнæн кæмæн нæй, ахæм. Уыйадыл йæ бæхыл сбадти æмæ йе ’мбæлтты раййæфтз, ехс Уырызмæгмæ радта, йæхи ехс райста æмæ йе ’мбæлттæн зæгъы: — Сымах уал сабыр цæут, æз ауайон разæй æмæ уын уе ’рцыдмæ бынат æркæнон. Ацыд. Сагтæ æмæ сæгуыттæ амардта, сæ цæрмттæй сын му- сонг ацарæзта, арт скодта, æмæ физонджытæ куыд æрцæттæ код- та, афтæ йе ’мбæлттæ дæр æрбахæццæ сты. Физонджытæй сæхи хорз федтой æмæ æрхуыссыдысты, нæ фæллад суадзæм, зæгъгæ. Сæууай, кæсдæр куыд уыд, уымæ гæсгæ æхсæв бæхгæс ныллæу- уыд. Райсомæй куы сыстадысты, уæд Сæууай дзуры Уырызмæгмæ: — Гъе ныр нæ фæкæн, кæм нæма уыдтæ, нарты знæгтимæ кæм нæма схæцыдтæ, ахæм бæстæм. Уырызмæг ын зæгъы: — Дыууæ фурды æхсæн уыдтæн мæ лæппуйы рæстæджы, мæ хъулон бæх дзы байрагæй æрластон, æндæр мын знаг бæстæ нал баззад. — Уæдæ уал сымах ацы ран сырды фыдæй уæхи хорз уы- нут, æз уыцы бæстæ бабæрæг кæнон, — загъта Сæууай. — Уыцы ранмæ зын цæуæн у—денджызтæй йæм фæндаг нæй, æмæ фесæфдзынæ, — дзуры йæм Уырызмæг. Сæууай Уырызмæджы коммæ нæ бакаст; йæ бæхыл саргъ авæрдта æмæ арасти. Сур зæххыл куыд цыди, афтæ доны дæр бауади. Уыцы бæстæм бахызт. Кæсы, æмæ хъулон бæхты рæ- гъау хизы. Бацыд æмæ рæгъауæй æртæаздзыд хъулон байраг рацахста æмæ йæ раласта. Фæстæмæ та баздæхти æмæ бæхты рæгъау ратардта. Фæдисы фæцагъта, йæхæдæг йе ’мбæлттæм æр- бахæццæ æд рæгъау. Сæ фæллад куы суагътой нарт, уæд сæ фос уарын фæнд скодтой. Уырызмæг сæ хисдæр куыд уыд, уымæ гæсгæ дзы куырд- той, цæмæй сын ныллæууыдаид уарæг. Уырызмæг сын нæ бакуымд- та. Бирæ радзур-бадзуры фæстæ Сæууайæн йæхи скодтауарæг,— рæгъау ратæрын кæм базыдтай, уым сæ уарын дæр базондзынæ, зæгъгæ. Сæууай сразы рæгъау байуарыныл. Хъулон байраг рахи- цæн кодта æмæ йæ хицæнæй бабаста, иннæты фондз дихьг акодта. Сæууай фондз хайæ иу дæтты Уырызмæгæн: — Уый уал дын дæ хисдæрæггаг. 105
Стæй та йын иннæ цыппар хайæ дæр иу хай радта: — Уый та дын æмбалы хай. Уый фæстæ хæйттæ айсыны бар радта Хæмыц æмæ Сосла- нæн. Æмæ систой фæйнæ хайы уыдон дæр. Фæстаг хай, — йæхи хай, — дыууæ ’мхуызон дихы бакодта æмæ сæ радта Хæмыц æмæ Сосланæн. Хъулон байраг та йæхицæн бахай кодта æмæ бам- барын кодта сусæгæй Сосланæн, хъулон байраджы Сатанайæн мады бæхæн9 кæй дæттдзæн, уый. Сосланæн цы бамбарын хъуыди, Сæууай йæхи Уырызмæджы сиахс бакæнынмæ кæй хъавы, уый. Раздæхтысты сæ балцæй æмæ Уырызмæджы хæдзармæ æрба- цыдысты. Хъæубæсты æмбырдæй баййæфтой. Хæмыц æмæ Сос- лан куы радзырдтой Сæууайы хъару æмæ миниуджытæ, уæд ма хъæубæстæ æндæр цæуыл дис кодтаиккой! Сослан Сатанайы хъу- сы дзуры: — Нæ хойы нын Уастырджи æмæ æндæр зæдтæ куырдтой, фæлæ чызг никæмæн бакуымдта. Ныр æй ацы лæппу куры, æмæ йын æй æнæ раттгæ нæй. Сатана æмæ йæ чызг дæр загътой, кæд ахæм гуырд у, уæд мах разы стæм, зæгъгæ. Уырызмæг куывд скодта йæ уазæг Сæууайы тыххæй. Æртæ боны фæбадтысты нарт куывды. Куывд куы райхæлд, уæд Сæу- уай йæ хæдзармæ цæуын фæнд скодта, раарфæ кодта йæ фысым- тæн æмæ сын загъта: — Абоны бонæй афæдзы дæргъы иу бон фæзындзынæн, — æмæ арасти сæхимæ. Уырызмæг Сæууаимæ каис бакæндыл цин куыннæ кодтаид! Фæлæ йын йе ’рцæуыны бон бæлвырд кæй нæ зыдта, ууыл хъын- цъым кодта. Тохъылтæ-иу фæхаста æмæ-иу сæ аргæвста æмæ та-иу сæ адæм бахордтой. Уæд иу бон нарты Бурæфæрныг кодта куывд. Нарт уырдæм хуынд уыдысты, зæрондæй, лæппуйæ. Сæууай афæдзмæ куыннæ сырæзыдаид!Хъуын ыл рахæцыди. Афæдзмæ ма æртæ боны куы хъуыд, уæд йæ фыдæй бар ракуырдта æмæ загъта: — Æз цæуын балцы. Йæ мад æмæ йæ фыд нæма зыдтой, Уырызмæгимæ каис ба- кодта сæ фырт, уый. 106
Сæууай араст Уырызмæджы хæдзармæ. Йæ бæх Уырызмæджы бæхбæттæныл бабаста, йæхæдæг уазæгдонмæ бацыд æмæ уым ба- ды. Хæдзары Сатана æмæ йæ чызджы йеттæмæ ничи уыд — лæг- тæ Бурæфæрныджы куывды уыдысты. Сæууай къулæй Сосланы дыууадæстæнон фæндыр райста æмæ дзы цæгъды, йæхæдæг фæн- дыримæ зары:„Цæй бын баистут, нарт, — уазæгмæ уæ фæкæсæг куы нæуал ис!" Сатана рарвыста уазæгдонмæ: — Базонут-ма, уыцы уазæг чи у! Бацыдысты, бакастысты уазæгдонмæ æмæ Сатанайæн загътой: — Дæлæ дзы иу пыхцыл æмæ хъуынджынрихи лæг бады æмæ фæндырæй цæгъды. Сатана йын сызгъæрин фынг арвыста, уазал ницыгомау хæ- ринæгтимæ. Сæууай уазал хæринаг куы федта, уæд ын хъыг уы- ди, хъæддзау мийаг куы нæ дæн, зæгъгæ. Фынг йæ къахæй скъуырдта, æмæ уынджы сæмбæлдис æмæ цыппар дихы фæци. Сатана куывдмæ фæфæдис кæнын кодта, ахæм æвзæр хъуыддаг ис, æмæ тагъд фæзынут, зæгъгæ. Куывдæй рацæйхæлæф кодтой, фæлæ сæ Уырызмæг нæ бауагъта. „Раздæр уал базонут, цавæр у, уый, — уазæгмæ куы æнхъæлмæ кæсæм, чи зоны, уый у\ Нарты æвзаргæ фæсивæд, Сослан сæ разæй, афтæмæй рацы- дысты æмæ æрæййæфтой Сæууайы уазæгдоны, дыууадæстæнон фæндырæй хъарæджы цагъд гæнгæ: — Гъæ, фесæфат, Уырызмæджы хæдзарвæндаг, сæ уазæг чи у, уый чи нæ зоны æмæ уазæгæн хъæддзауы фынг чи æрвиты. Сæууай куыддæр Сосланы ауыдта, афтæ фæндыр къулыл ацауыгъта æмæ фæсдуар сиахсы лæуд акодта. Сослан æй уайтагъд базыдта æмæ йын „æгас цу, не сиахс", загъта. Адæм сæ куывд Уырызмæджы хæдзармæ раивтой æмæ ирæдыл æртæрхон кодтой: иу сæдæ бæхтæ; бæхтæй алкæмæн дæр цы хъæуы дзаумайæ — нымæтæй, басылыхъæй, гæрзтæй, — уый; алы сырды мыккагæй фæйнæ сæдæйы. Сæууай ирæдыл сразы. Хæрзбон загъта нартæн æмæ рацыд. Ирæд цы хъуыд, уый уайтагъд Уырызмæджы кæрты æрбалæууын кодта æмæ зæгъы: — Æз уæм чындзхæсджытимæ фæзындзынæн. Сæууай сæ хæдзармæ ацыд æмæ фыдмæ баминæвар кодта: — Æз каис бакодтон æнæ дæу бафæрсгæ нæ туджджынти- 107
мæ æмæ ирæдыл сразы дæн. Ныр гæнæн нал ис æмæ чындзхæс- джытæ кæнын хъæуы. Йæ фыд ын йæхи хуызæн адæм бацамыдта чындзхæсджы- тæн — Хурыскæсæн æмæ Хурныгуылæны дауджыты, хисдæрæн та сын Æфсати. Сæууай сеппæтæн дæр фехъусын кодта, йæхи не схъæр кодта, афтæмæй: „Саумæраты Къандз ахæм æмæ ахæм бон йæ фыртæн ус хæссы æмæ уæ чындзхæссæг хоны", зæгъгæ. Чындзхæсджытæ араст сты. Æфсатийы чызджы дæр семæ акодтой. Иннæ чындзхæсджыты Уырызмæджы хæдзары ’мбырдæй æрæййæфтой. Уырызмæг æмæ Къандз туджджынтæ кæй уыдысты, уымæ гæс- гæ Сæууай загъта: — Фынджы рагъыл туджы фидыд æрцæуæд, абонæй фæстæ- мæ хæлары цардæй куыд цæрæм! Æмæ фидыд æрцыди, уæдæ цы уыдаид! Хорз фæминас код- той иу къорд боны, стæй уæд сæ чындзы—Сатанайы буц чыз- джы — рахастой Къандзы хæдзармæ. Сатанайы чызг Сæууайы зæронд мад æмæ фыды Ноггæнæн суадоны цынадта, æмæ сног сты. Хорз куывдтæ^ æмæ чындзæхсæвтæ фæкодтой, адæм сыл фæцин кодтой. Сæууай Сатанайы чызгимæ амондджын ус æмæ лæгæй фæцардысты сæ зæронды бонмæ.
КУЫД ÆМБАРИНАГ СТЫ РАГОН ДЗЫРДТÆ ÆМÆ ХЪУЫДЫЙÆДТÆ ÆХСАР ÆМÆ ÆХСÆРТÆДЖЫ РАЙГУЫРД 1 Бонвæрнон кæнæ Боврнон— сæууон стъалы. 2 К у ыр да л æ го н — нарты кадджыты афтæ хуыйны уæларвон куырд. 3 Донбетты р—денджызты, стыр цæугæдæтты хицау нарты кад- джыты. 4 Борæ —нарт уыдысты æртæ мыккаджы: Æхсæртæггатæ, Борæтæ æмæ Алæгатæ. Борæ уыди Борæты мыккаджы хисдæр. НАРТЫ ФÆТКЪУЫ 1 Æлутон- нарты кадджыты йæ кой кæмæн ис, ахæм хæринаг. Чи дзы-иу фæхъæстæ, уый бафсæст æмæ-иу æм хæрын дæр, дон нуазын дæр нал цыд. Ахæм хæринаг нæй, æрмæст кадджыты æмæ аргъæутты ис йæ кой. ДЗЕРАССÆ - РÆСУГЪД 1 Фу рд—стыр дон, кадджыты афтæ фæхонынц денджыз дæр. УЫРЫЗМÆДЖЫ ÆНÆНОМ ЛÆППУ 1 Ф и д иу æ г — раджы заманы-иу алы хъæуы дæр уыди сæрмагонд лæг. Уый хъуамæ адæмæн хъусын кодтаид хицауады уынаффæтæ æмæ æндæр хабæрттæ. 2 Ба расты р — ирон кадджыты—мæрдты бæсты хицау. 1С9
3 А л а с а — диссаджы тыхджын æмæ æмбаргæ бæхы ном кадджыты æмæ аргъæутты. 4 Аминон — кадджыты мидæг афтæ хонынц мæрдты бæстæйы дуаргæсы. 6 Залты мит —тынг арф мит. 6 Мæ р гъ1 æ — бадæн саргъы гæрз—бæхы риуыл кæнгæ, саргъ фæ- стæмæ цæмæй нæ быра, уый тыххæй. 7 Армаццагæй хæцын — раззаг къæхтæй хæцын. 8 Идæдз ус —йæ лæг кæмæн амард, ахæм ус. УЫРЫЗМÆГ ÆИÆ СОХЪЫР УÆЙЫГ 1 Æд къа ла - б æ ла с — бæлас йæ къалиутæ æмæ йæ уидæгтимæ иумæ хуыйны афтæ. 2 Хæххон дзигло- аргъæутты æмæ кадджыты уæйгуытæ афтæ хонынц адæмы; дзигло — чысыл цъиу. 3 Хæтаег лæг — балцы цæуаг лæг. 4Æмæ йæ афтæмæй уæларт аджы бафтыд т а — уæларты йæ сæвæрдта, аджы. УЫРЫЗМÆДЖЫ ФÆСТАГ БАЛЦ 1 Стæр —хæстон балц. 2 Саденджыз — ома Сау денджыз. 3 Къу ыды ртæ — хъæды лыггæгтæ. 4 Ахæсты аргъ — раджы-иууацайраджы фæстæмæ суæгъд кæнынæн цы фиддон фыстой, уый. 5 Ахæст —ахст лæг. 6 Иусион, дысион, æртысион, цыппæрсион, фæндзсион — иусыкъа- джын, дыууæсыкъаджын, æртæсыкъаджын æмæ афтæ дарддæр. Сы—сыкъа. 7 Арц —рагон хотых, хæцæнгарз. У даргъ лæдзæг, йæ кæроныл та цыргъэг. Æрцджын æфсад—æрцытæ кæмæ ис, ахæм хæстонтæ. 8 Згъæ р; згъæр хæдон — згъæр цæгтæй конд хæдон, раджы хæстон адæм кæй дардтой, ахæм. Згъæр хæдоны фат нæ хызти, кард дæр æй нæ лыг кодта. СОСЛАН ÆМÆ ТАРЫ ФЫРТТÆ 1 Астымгæрдæг-къуыстымхал — хорз, фæлмæн æмæ бæзджын кæрдæг. 2 Цирхъ — рагон æхсаргард, хъамайы хуызæн, дыууæ’рдыгæй дæр у цыргъ. 3 Фæрсыссад кæнын — (хъама, цирхъ) цыргъ кæнын. НАРТЫ БАЛЦ 1 Арт —æндоны гæбаз. 2 Б,у р æ м æ д з — сасым, йæ кой ис кадджыты. 3 Бæ лг ъæ — цавæрда?р бæстæ æмæ йæ адæмы ном. 4 Фосармæй — фосджынæй. 110
СЫРДОН УÆЙГУЫТЫ КУЫД ФÆСАЙДТА 1 Бонасадæн кæ нын — фæстиæттæ кæнын. 2 Хор-хос — хорæй, хосæй цыдæриддæр ис, уый; бирæ фæллæйттæ, хъæздыгдзинæдтæ. 3Уæдæ мæ гъе ныр нæ уæлхæдзары фестын кæн! — ам ныхас цæуы сыджытсæр, тъæпæн уæлхæдзар, хæххон хæдзарыл. БАТРАДЗЫ РАЙГУЫРД 1 Разагъд — зындгонд, номдзыд. 2 Ты гъдызæ й — тыхджын уарын. БАТРАДЗЫ ДЕНДЖЫЗÆЙ КУЫД РАСАЙДТОЙ 1 Нæ зæронды денджызы былмæ ахо нут-нæ заронд, зæгъгæ, афтæ Сатана хоны йæ лæг нарты Уырызмæджы. БАТРАДЗЫ ХЪÆЗТЫТÆ СЫВÆЛЛОНÆЙ 1 Зонынджын — зондджын адæймаг; цы æрцæудзæн, цы æрцыд, уыдон чи зоны, ахæм. 2 Хорасан худ —цъæх уæлдзарм худ. 3 Фатдзау — фаттæ Хæссæг. 4 Уæнтæхъил, сæргуыбырæй — ома тынг æнкъардæй. 5 Æрдынджын æмæ фатджын —ома хæстон, хъæбатыр, ныфс- хаст. БАТРАДЗ ЙÆХИ КУЫД БАЙСÆРЫН КОДТА 1 К у ы нц го м — куынцæн йæ тæккæ цæхæр кæм вæййы, уый. 2 Куыф —хохаг уæрдоны кауæй арæзт гуыффæ; ластой-иу дзы хор, фылдæр хатт та—фаджыс. Куыф уæрдоны рæтæнæгъдтæм фидар уыд къæбæлæй. Къæбæл-иу сластой æмæ-иу куыф фæфæлдæхтой. БАТРАДЗ ÆМÆ СОХЪЫР УÆЙЫГ ÆФСÆРОНЫ ФЫРТ АЛÆФ . : Нарты гуыппырсартæ — нарты тыхджын, зондджын æмæ ном- дзыд адæм: Уырызмæг, Батрадз, Хæмыц, Сослан æмæ иннæтæ. 2 Саудзагъд — саулагъз. 3 Догъ, донхъ—хъуг иу хатт цы æхсыр æркæны, уый. БАТРАДЗ ÆМÆ СОХЪЫР УÆЙЫГ ÆФСÆРОН 1 Даелшмае рæгъ, уæлæмæ рæгъ—сидт хисдæртæй кæсдæр- тæм, кæсдæртæй хисдæртæм. 2 Куыси —стыр хæцæнджын къус, БАТРАДЗ ХЫЗЫ ФИДАР КУЫД БАСАСТА 1 Хуртуан —хор хурмæ куы æркалынц бахус кæнынмæ, уæд уый у хуртуан. 111
* Афсад кодтой — æфсады ацыдысты, хæцынмæ ацыдысты хæстмæ. 3 Æртæ мы дамæ сты — мыдæмхæццæ хыссæйæ конд чъиритæ кувынæн. 4 Кувæн къу ыпп — нарт-иу кувгæ кæм кодтой, ахæм къуыпп. 5 Йе ’ндон сырх зынг аци — ома тынг амæсты. 6 Авд æттæгуæлæ — авд уæладзыджы. 7 Ердо—рагон хохаг сыджытсæр хæдзары фæздæгдзон хуынкъ. Рухс дæр-иу цыд уыцы хуынкъыл. 8 Æфсургъ — ирон кадджыты вæййы ахæм æвæлмæцгæ тæхгæ æмæ зондджын бæхы кой. НАРТЫ САУ РУВАСДЗАРМ 1 Хъох-дæндаг кæнæ Архъызы дæндаг —нарты кадджыты ахæм дæндаг уыди Хæмыцæн. Уыцы дæндаг-иу чи федта, уый-иу Хæмыцы фæндон æнæмæнг сæххæст кодта. 2 Æмцек кæнæ æмцег —раджы заманы Ирыстоны уыд ахæм æгъдау: тыхджын мыккаджы хæдзар-иу æдыхдæр мыккаджы хæдзарæй сывæллон райста хъомыл кæнынмæ (лæппу кæнæ чызг). Дыууæ хæдзары кæрæдзийæн уыдысты æмцектæ кæнæ æмцегтæ, сывæллон та-иу хуынди хъан. 3 Дыдзы хъарм — хъæрмуст, хъармгомау. СÆУУАЙ 1 Ахъ-денджыз — Каспи-денджыз. 2 Хъара-денджыз — Сау денджыз. 3 Уацайраг — хæсты кæй райсынц знагæй, ахæм адæймаг. 4 Æрттигътæ, æфсæн æртти гътæ — фатты фындзтæ-иу цы æфсæйнаджы æртæтигъон гæбæзтæй конд уыдысты раджы, уыдон. 5 Сæйраг р у дзынг — хæххон хæдзары цары кæнæ цары рæбыны рудзынг: уырдыгæй хæдзармæ цæуы рухс, æттæмæ та—хæдзары арты фæздæг. 6 Хуыйæндаг — æрчъитææмæ æрчъиаг дзабыртæ цы гæрзы лыстæг уаццæгтæй фæхуыйынц, уый. 7 Андиаг ным æ т —дагъистайнаг нымæт. 8 Б асма хъ — рагон къахы дарæс. 9 Мады бæх — фыццаг рæстæджы-иу лæппу ус куы ракуырдта, уæд-иу чызджы мадæн хъуамæ ралæвар кодтаид бæх; хуыдтой йæ мады бæх. 10 Хъынцъым кæн ын — тыхсын, мæт кæнын.
СÆРГÆНДТÆ Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд 3 Нарты фæткъуы . . • 5 Дзерассæ-рæсугъд 8 Уырызмæджы æнæном лæппу 11 Уырызмæг æмæ Сохъыр уæйыг 22 Уырызмæджы фæстаг балц 29 Сослан æмæ Тары фырттæ 37 Нарты балц 50 Сырдон уæйгуыты куыд фæсайдта 60 Батрадзы райгуырд 62 Батрадзы денджызæй куыд расайдтой . . • 64 Батрадзы хъæзтытæ сывæллонæй 66 Батрадз йæхи куыд байсæрын кодта 72 Батрадз æмæ Сохъыр уæйыг Æфсæроны фырт Алæф ... 74 Батрадз æмæ Сохъыр уæйыг Æфсæрон 81 Батрадз Хызы фидар куыд басаста 83 Нарты сау рувасдзарм 85 Сæууай 96 Куыд æмбаринаг сты рагон дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ • 109
Техредактор Дзгойты А. Корректор Цогойты Н. Æмбырд кæнынмæ лæвæрд æрцыд 29/У1—1951 азы. Мыхуырмæ лæвæрд æрцыдис 18/\ПН—1951 азы. Мыхуырон сыфтæ 11,685. Рауагъдады хыгъдон сыфтæ 5,78.Рауагъдады № 278. Гæххæт- ты формат 82x108716. Заказ № 3183 Тираж 3000. ИИ04016. Цаегат Ирыстоны АССР-ы полиграфрауагъда- ды типографи. Лзæуджыхъæу, Дзанайты И. уынг, 20,