Text
                    Чиныгуадзæн «ИР»
Орджоникидз* * 1976


С(Осет) Хъ1« Хъайтыхъты Г. X. Хъ 18 Æвзæрст уацмыстæ. Т.2. Орджоникидзе, «Ир>>, 1976. Т.2. 1976. 239 ф. нывт. Кайтуков Г. X. Избранные произведения. 743—40 „/л ч Хъ 40—76 С(Осет) М131(03)—76 @ Издательство «ИР»,' 1976 г.
ХОХЫ ШАРСЫЛ ФЫСТ Хохæн йæ фарсыл æз бакастæн фыст: «Ленин мæлæтæй кæддæриддæр — хызт. Уымæн тыхгæнæг нæ уыдзæни низ! Ленин нæ зæххыл кæмдæриддæр ис. Цалынмæ сау хохæй арф коммæ дур тула, Цалынмæ мах сæрмæ арвыл та рухс хур уа, Цалынмæ хъал мæргътæ арæхсой зарынмæ, Цалынмæ хъуыса нæ кæмтты ныхас, Цалынмæ цалх зила быдыры, уалынмæ Адæмтæн Ленин уыдзæнис æгас!» 5-У-63 з
ЦЫРТ Мæнæн уый нæ фиййæуттæ загътой, Рох хъуамæ куыд кæнон сæ дзырд... Нæ хæххон фийчæуттæ ныссагътой Нæ комы сæ рæотæджы цырт. Дзæнхъа-дур сæ хъа^бысы ’рхастой Нæ хохы рæбынæй, цæма-й Фылдæр уыдон царды кæй Ч’арзтой, Цæра уый ном хæхты фæрнæй! Сæ фидардæр равзæрста дуртæн, Æрттивагдæр ноджы, фиййау!— «Цæрут нын!» — нæ бабайы хуртæн Нæ зæронд лæг радта æгъдау!.. Нæ нывгæнæг бирæ фæкуыста,— Уа номдзыд, (уа кадджын нæ ком!— Сызгъæринæй цыртыл ныффыста Нæ поэт Ильич, зæгъгæ, ном! Дон уый рæзты урс фынк фæласы, йæ уылæнтæ сау къæйтæ ’хсынц... йæ фарсмæ цыппар тулдз бæласы Сæргуыбырæй зæхмæ кæсынц!.. Цырт дардмæ æрттывдтытæ калы,— Ныррухс кæны развæд лæгæн... Фавзæгш фæндаггон: «Уый стъалы Ам зæххыл, куы калы тæмæн!»
Хъызт бонты тымыгътæ фæхъазынц, Фæтæхы йæ тæхæнты уад, Æнусон бæлæстæ фæтасынц,— Лæ)ууы цырт нæ комы æнцад!.. Лæууы цырт, фæдзуры нæ кадыл, Кæны мысын махæн нæ тох!.. Фæлæ зæхх куы нынкъуыса дардыл, Куы ракæла сисау нæ хох! Ис иу цырт, тæссаг ын нæу уадæй,— Иæ хъуыддаг, йæ хорз ном, йæ дзырд — Нæ зæрдæты уарзондзинадæй Æрцыд арæзт Ленинæн цырт!.. 1960 5
МÆСКУЫМÆ ЛЕНИНМÆ Адæм дзурынц,— дардæй, Урсбыдыр Цæгатæй Цыд кæддæр фæндаггон Тъæнджы мæй, хъызтафон. Фæндагыл цæуджытæ Фæндаггонæн федтой Дзабыртæ йæ къæхтыл, Стæй хордзентæ йе ’ккой. Фæзы-иу ыл бахсæв, Уый уæддæр нæ тарсти! Стонг бирæгътæ ниудтой,— Уый сæм-иу нæ касти. Зæхх кæм ныдзæвд арвыл, Уырдæм цыд уæндонæй,— Нал æм хæццæ кодта!.. Цыд æхсæвæй-бонæй... Фурдыл дæр цыдаид Дарддæрæй уый дарддæр, Æмæ йæ фæстæмæ Не ’здæхтаид арт дæр!.. Хъал тымыгътæ кодтой Зилдух кафт йæ фарсмæ! Бонзонгæ мæгуыр лæг Цыд }уæндонæй размæ!—
Уыд йæ бæллиц уымæн, Ие ’нхъæлцау ныфс Ленин. Гъей-джиди-иу, загъта, Искæд æй к|уы фенин. Кастис-иу йæ къамтæм Алыхатт æдзынæг, Схъæлдзæг-иу йæ коймæ Растзæрдæ мæгуыр лæг. Цыд фæндаггон дардæй Дзыллæты фæтæгмæ,— Фехъуса йæ ныхас, Фена йæ хæстæгмæ! 1956 7
ЗÆГЪ-МА НЫН Едзиты Огъайæн Зæгъ-ма нын, уе’хсаргард куыд карста Сæ сæртæ т|угдзыхтæн кæддæр, Сæ мæрдтæ сонт Æрæф куыд ласта, Куыд нæ йын фесты ласт уæддæр! Ныррызт-иу сау къæдзæх уæ цыдæй, Лыгъди уæ зарæгæй фыдбон,— Зæгъ-ма нын, уе ’хсаргардты ’рттывдæй Шкуро куыд бакуырм и бынтон! Уый бирæгъ цуанонæй нæ тарсти,— Деникин мах цæфтæй лыгъди!— Уый сау мигъ хъæдбынæй нæ касти,— Уæ бæхты комытæф уыди! Нæ буц хистæр, ам мæнæ мах цур Зæрдæхъæлдзæгæй абад, цæй, Æмæ нæ фæсивæдæн радзур Цытджын хъæбатырты тыххæй!.. 1958
ХÆХХОН ХЪÆУЫ 1 Æз мæ бæх — мæ уисыл Хохаг хъæуы тагъд Уадтæн уæд «гфæдисы», Хид мæ ныхæй тагъд. Скодта хæхты хурбон, Цъити дзы фæтарст!— Схъæлуасæгхуыз булкъон Адæммæ ныккаст! Уымæн мах тыхст цин уыд, Мах бахудт — æнад. Хин рувасау хин уыд, Бирæгъау — налат! Кодта нын уынаффæ, Уыд цыма нæ фыд. Зынд æппæтмæ афтæ, Не ’ххуыс æй кæй хъуыд. Булкъонæн йæ цурмæ Бацыдтæн. Цæмæн?— Стыр пъагæттæ хурмæ Калдтой уæд тæмæн... 2 Ие знæгты нымадта,— Бауагътой дзы мæт!—
Рахиз къухы дардта Ставд булкъон гæххæтт... Рыст йæ зæрдæ мадæн,— Цæстыты сыг калд!— Агуырдта салдатæн Стонг бирæгъ йæ цард!— Зæххы къах ныссагъта, Уыд цыма йæхи!— «Стæм мах бирæ,— загъта,— Мах æмдых кæм и?»— Сырхытæ, дам, чи сты?— «Цас нын у сæ бон? Урсытæ нæхи сты,— Нæй сын, нæй, кæрон!..» Бухъ булкъон фæхъус и,— Фескъуыди йæ дзырд. Х|урмæ ком ныррухс и,— Хорзау нал уыд сырд! Скаст цъындцæстæй хурмæ, • Къухаууонæй скаст... Булкъонæн йæ цурмæ Дыд хæххон æмраст!.. 3 Кодта йын йæ ныхас, Бацыд æц хæстæг, ФиДар хохау уый раз Фидар слæууыд лæг! «Бахатыр кæ,— загъта,— Хоныс хрх дæхи.,. 10
Чи стæм мæйæ Мах Фа, Урсытæ, æви?» Схæцыдис йæ худыл, Ахаста йæ цæст Сахъ хæххон лæппуйыл — Уыдон цинæй рæзт! Ада|удта йæ рихи, Балвæста йæ рон... «Уалæ хохыл мигъ и!— Загъта та хæххон.— Скалдзæни цæхæртæ, Ферттивдзæни арв!— Халон, сынт, æндæртæ Бамбæхсдзысты арф!— Ахæмтæ куынæ сты Мæргъты ’хсæн нымад!— Сахъ хæххон цæргæстыл Тых н!æ кæны уад! 4 Арв йæ зынгæй хъаздзæн, Раст цыма нæртон!— Алы.бырон ласдзæн, Алы къуымæй дон!..» Дзур, дам, дарддæр исты, «Курын, дзуапп мын дæтт: Сырхытæ та чи сты?» «Мæнæ мах æппæт! Мах тугæй ыссырх и Алы рæтты зæхх!— 11
Мах уæнгты цы тых и, Зонут уый дзæбæх! Стæм кæд абон къаддæр, Не стæм кæд сæрæн, Урсыты уæд дарддæр Чи кæны дæрæн?— Фен-ма ацы комы, Уыцы фахсмæ скæс,— Абырсын нæ комы Са(у сынтæн цæргæс!..> Уыцы диссаг хурбон Мысын æз ныр дæр... Рызт фыртæссæй булкъон, Раст цыма сыфтæр!.. 20-111-1970 12
УЫЦЫ АЗ Тауаситы Сослæнёегæн Нæ калдис их донмæ Къæвдабон уый тагъд,— Нæмгуытæ Шкуромæ Куы скодтой сæ тахт! Мæстыхуызæй, тарæй Арв знагмæ ныккаст! Ироны хæдзарæй Лæппулæг фæраст. Иæ хъæубæстæ уагъта Рæстæгмæ ирон; Иæ бинонтæн загъта: «Хæрзбон уал, хæрзбон!» О, тагъд кодта барæг,— Рæстæг ын нæ уыд. Иæ «хур» та, йæ «дарæг» Иæ цуры лæууыд. ■>. Ныхъхъæбыс ын кодта: «Æнæ дæу зын у!» Иæ чысылæй домдта: «Хъæбатыр мын у!» К|уыд тахтис! Иæ рыг-иу Йæ фæндагæй скалд! Иæ мæсты шемыг-иу Нысаныл ысуад! 13
Цæйбæрц ын æнФысти!— Фæндыд æй цæрын! 0, хурбон дæр хъуысти Нæ кæмттæй нæрын! Фæлæ тулдзы фарсмæ, Цы ран уайы дон, Уым иурайсом размæ Куы бахауд хæстон! Нæ быдыр, нæ цъити Уый нал уыдтæ, нал! Æмбалмæ фæсидти Фæстаг хатт æмбал: «Уым уалæ, нæ къ|улы Ныууагътон хæдзар, Ныууагътон хъæбулы, Дæ цæст æм-иу дар!.. Æрбастон мæ гæрзтæ Мæ уæлæ, цæмæй Мæ кæстæр мæ фæстæ Фæцæра фæрнæй! Æз уымæн йæ фыд дæн,— Нæ федта рæвдыд!..» О, саби æз уыдтæн, Æфсæддон — мæ фыд! Æрæнцади... Нал тыхст... Мигъ таггай зынди, Æмæ цыма ахуырст Иæ тугæй уыди!.. 14 1957
ЦÆЙ ÆМÆ АЗАРОН! Уарзон Фыдыбæстæ... раджы дæр Азæлыд зарæг йæ номыл... Цæй æмæ азарон зарджытæ 20 Мæнæ мæ хохыл, мæ комыл! Раци цард хæхты бынтон æндæр, Ууыл мэз пъеро фæфыссы, Æмæ советон иронæн дæр Дардмæ йæ хорз хабар хъуысы. Зарон,— нырма мын нæ байрæджы, Рад ма мæм хъазты дæр хауы. Цæй æмæ равдисон зарæджы Фосы цур кафаг фиййауы. Уый мæм кæй хорз хабар фехъуысы?— Рог кæнынц рагæй мæ уæнгтæ, Стыр хох кæй цæлхъытæй фенкъуысы, Уыцы шахтеры хъуыддæгтæ. Равдисон ноджы колхозоны Йе ’стыр кæритæн сæ фарсмæ, Уый мын мæ фæндонтæ хорз зоны, Арæх æрлæууы ныхасмæ. Хъулæй хъазт, хисты дугъ — нал хъæуынц... Азарон, хъусут, мæ хуртæ, Донычызджытау куыд ралæууынц Хъазты нанайы хъæбултæ.
Хорз чызг мæ буц хо (у, йемæ нæ Афснайын хъæуы нæ нартхор,— Уæнгæл нын фестадис, емынæ, Худинаггæнæг, лæвархор. Цинад мæ фæллойæ бавзарын, Амонд дæр уый руаджы ссарын. Адæмы рыстыл Къоста зарыд, Адæмы циныл æз зарын. 16
поэт Йæ хох, йæ райгуырæн зæххимæ Поэтау чи вæййы хæлар? Егъау хæс райста уый йæхимæ,— Кæна нын кадджытæ лæвар! Ныфсæй, хъаруйæ уый æххæст у,— Фæсвæдмæ н ’алидзы зынтæй! Поэтæн Пушкинæй фæдзæхст у, Зæрдæ куыд судза уый зынгæй! Æсхудынц иуæй-иутæ: «Ай та Цæуыл (у алы бон тыхсæг?» — Дзуапп раттин уыдонæн: «Кæд сайдта Хъуыддагæй й ’адæмы фыссæг?» Уый хъалтæн зарджытæ нæ зары, Нæ лæууы уыдонмæ æввахс! Уый хинтæн се ’взæр ми нæ бары! Фæхæцы раст лæгæн йæ фарс! Уæд хъусы арф Терчы ныхасмæ Сыгъдæг хъуыдытимæ цæрæг!— ’ Бæлас цы фæдзуры бæласмæ, Æдзух ын (уый дæр у бæрæг. Къæдзæхæй, суадонæй, æндæрæй,— Поэтæн уыдон цард — æмбæрст. О, акувы поэт йæ сæрæй,— Фæлæ нæ кусæгæн æрмæст! «Æмбал!» — æсдзуры йæм йæ номæй!— Куыстафон колхозон фæзы Фæллойгæнæджы рухс цæсгомæй Поэтмæ мин хуры кæсы! Ис уымæ диссаджы хæзнатæ ? Æвзæрст уацмыстрг. Ц тт
Иæ фаг, æвæрд та йын æсты (Мæстæй К)уыд тона йе знаг, афтæ!) Иæ уарзон иумæйаг куысты! Иæ цард æппæт — йæ тых, йæ зонд дæр Уый радта адæмæн лæвар! Поэт, дæ хъæлæс сис бæрзонддæр!— Нæ дугыл зарджытæ ныззар! Дзæуджыхъæу, 1956 19
Мад æмуё йæ сывæл/юН Мæ куысты мыл уайтæккæ абон æризæр,— Æгуыстæй цард адджын нæ уыд æмæ нæу. «Георги, Георги!— мæнæн загъта чидæр,— Поэт дæ, философ, куыд бамбарон дæу? Цæмæн фæзмай хъуамæ ды уыцы Омары, Кæмæн уыд йæ цыбыр æмдзæвгæ йæ ныфс? Философы хъуамæ дæ фæндыр хъыгдары, Дæ фæндырæн цас уа философ æххуыс?» Фæмæсты кæмæдæр нæ уынджы мæ зæрдæ, Уыди мын йæ ракаст, йæ уынд дæр æнад. Дзуапп радтон кæмæндæр: «Кæс-ма йæм, кæс, уæртæ, Фæхоны кæдæмдæр йæ сабийы мад». Фыдуаг у йæ саби, цæуын ын нæ комы, Иæ ныййарæг сивæзта уымæн йæ хъус. «Фыдуаг митæ ма кæ!—мад сабийæ домы,— Цы дын зæгъа хистæр, ды уыдæттæм хъус...» Фæдæн æз хъуыдытыл... Бæрæг у, мæхицæн Мæ зæрдæ та сабийыл ахсæв тыхсдзæн... Æнæ мад нæ сывæллон цъыфмæ ныххиздзæн, Æнæ мад цъыфдонæй йæ цæсгом ныхсдзæн... 19 67 19
МÆ ДЗЫЦЦА «...Я вспомнил тебя, дорогую, Моя одряхлевшая мать...* С. Есенин Мæ хъæу мæм «æруай-ма» фæдзырдта: «Рох ма уæнт дæ мад æмæ фыд!» Гъеныр дæр дæу мысын, мæ дзыцца,— Дæ бахудт, дæ ныхас, дæ цыд. Мæнæн ныфс гъеныр дæр ды куы дæ, Æз арæх фæмысын дæ куыст. Фæкæнын дæ цардыл хъуыдытæ,— Дæ цинæй фылдæр уыд дæ рыст! Уыдтæ ды чысылгомау асæй, Хæрзæгъдау, æнæхин, сæрæн. «Мæ къона!» — дæ фæлмæн ныхасæй Цы уыди х^уыздæр уæд мæнæн! Ма§ худ-иу мæ сæрыл нысчъил и... Мæ цæстыл ма уайы, куыд фыхт Дæ дзыкка, йе науæд дæ чъири, Æнахуыр-иу ивæзт йæ цыхт. Уыдтон-иу дæ ведратæ исгæ,— Дæу суадонмæ ауайын хъуыд. Уыдтон дæ цъындайаг æлвисгæ,— Дæ даргъ хал-иу хатгай ыскъуыд. Мæнæн-иу сырхахуырст ацк радтай, Ды, дам, мын дæ коммæгæс, цырд. 20
Хæринаг дæ кæрчытæн калдтай, Дæ фæйнæварс кодтой æмбырд. Фæмысын, куыд-иу мын ныууагътай Нæ тæрхæгыл арæх кæрдзын, Чъырæй-иу нæ къултæ куыд цагътай, Фæмысын дæ тухи, дæ зын!.. Дæ сасирæй мит цыма уарыд,— Хъæбынтæ нын кодтай, уыдтон; Дæ цайдан-иу, сабыргай зарыд Изæрæй нæ уæларт æд дон. Æфснайдтай ды къустæ, тæбæгътæ, Æвæрдтай нæ уазæгæн фынг... Дæ пецæй та хъуысти гæрæхтæ,— Уым тох кодтой суг æмæ зынг! Æз адджынæн хордтон дæ хъарм гуыл, Дæ сидтмæ-иу змæлыдтæн цырд. Зын мын вæййы хатгай фæндагыл,— «Лæуу фидар!» — фæхъусын дæ дзырд. 1958
Мæ хълёу Кæм кæнынц хæхтæн урс мигътæ хъæбыстæ, Кæм кæны дон къæдзæхимæ быцæу, Фиййау сæумæ цы ран зары йæ фыстæн, Уым хæхты астæу батымбыл мæ хъæ(у. Сæдæаздзыдтæ уым зæронд нæма сты — Сæ рæвдз цыдмæ фæчындæуы хæлæг, Куы ралæууынц уым сахъ фæсивæд хъазты, Уæд сæм кæсынæй нал фефсæды лæг! Уым хин æмæ мæнгард лæджы нæ уарзынц, Уым худгæ кæнынц, магуса, дæуыл; Уым [уазæджы ныртæккæ дæр нæ уадзынц Æнæ хорз фенгæ хъæубæстæ цæуын. Уым — саунæмыг, сырхуадулджын мæскъуытæ, Уым хъал суадæттæ царды хос хæссынц. Фæйнæрдæм уым нæ фыдæлты мæсгуытæ Кæддæриддæр хъалагъуртау кæсынц... Уым мит мæныл егъау тъыфылгай уарыд, Нæ-иу мæ уагъта размæ цæуын уад!.. «Тагъд айрæз, айрæз!» Афтæ-иу мын зарыд Æхсæвæй-бонæй уыцы ран мæ мад. Мæ хъæу, мæ хъæу! Иæ кой дæр мын æнцон у, Иæ фидæныл, нæ рухс бонтыл фыссын! Мæ хъæу мæнæн фæндаггон (у, бæлццон у, Уый афтае тагъд коммунæмæ бырсы. 22
ÆЗ ДÆУ МЫСЫН, ДÆУ, ИРЫСТОН «0й? уæрæйдæ!» — зарæг хъуыстон, Уыд рæсугъд, фæлæ цыбыр..'. Æз дæу мысын, дæу, Ирыстон, Мæнæ денджызы был ныр!.. Æз æнæ дæу хатгай стыхсын, Цард æнæ дæу адджын нæу! Æз нæ рæсугъд горæт мысын, Хæхтæ, быдыртæ, мæ хъæу! Мысын не ’рдхæрæн К/ьостайы,— Уад ын н’ акалдзæн Лæ цырт! Мысын уыцы зæхх, кæм уайы Заргæ афонмæ мæ фырт! Терчы мысын, уый дон хъал у,— Кодта Пушкин дæр йæ кой!— Терк кæддæры сонт Теркнал (у,— Срæсугъд кодта уый фæллой. Хорзæй уыцы лæг фæцæры, Чи нæ кæны уæй йæ хох!— Бирæ уый уарзы æндæры, Чи нæ кæны хи ком рох! Ныр, æвæццæгæн, фæхицæн Хъарм, цъæх дарæсæй нæ хъæд... Сау хох афонмæ йæхицæн Митæй сарæзта нымæт. Кæд рæдийын, кæд нæ фæнды
Махавй фæззæджы цæуын, Хохмæ урскæрцджын нæ уæнды, Хур зæрин тынтæ нывæнды, Калы й’ амæндтæ дæуыл!.. Зонын, афонмæ нæ сыхæй Айхъуыст цагъд,— ис уым чындзхаст! Дзурынц ме ’мбæлттæ мæн тыххæй: «Нæй ам немæ, нæу уый раст!..» Бадын денджызы был дурыл, Дæн цыма æз ныр йæ гæс... Мæнæ сонт дымгæйæ курын: «Атæх, Иры мын фæфæрс!»— Сидын уымæ, бон 1яуыд хъаза, Хур куыд худа, хор куыд ласа Бирæ задхуымтæй мæ хъæу. Кусын ууыл, Ир, куыд уарза Хуссар ноджы тынгдæр дæу!
КУЫВТА ХÆХХОН Куывта хæххон йæ хæхты бирæ дзуæрттæн: «Кæнут æххуыс мæгуыр лæгæн йæ тыхсты!» Æхгæд уыдысты рухс фидæны дуæрттæ, Уæззау гуыдыртæ ауыгъдæй зындысты. Хæххон лæг кодта талынджы дзæгъæлтæ, Фæндаг кæм ардта даргъ уæрæх быдыртæм, Фæлæ куы ссардта сахъ Ленин дæгъæлтæ Гъеуыцы згæхæрд, стыр уæззау гуыдыртæн. Куы загъта Ленин: «Иу ран ма куыд бадæм, Æрцыдис фадат, райсæм, цæй, нæ гæрзтæ!» Æмæ уæд дуæрттæ байгом кодтой адæм, Ныххæррæтт кодтой Фидæны цъæх фæзтæм!.. Рæсугъд, æхсадæй разындысты хæхтæ, Тахт кардæлвæстæй мастисæг — нæ сидзæр. Уæд арвы бæсты зæххæй хъуыст гæрæхтæ, Уæд арвы бæсты зæххæй лыгъди мигъ дæр.
МАД ÆМÆ САБИ Хъарм уаты уарзон ныййарæг Сабийы дзаумæттæ ’хсы. «Айрæз мын!» — хъуысы йæ зарæг, Кусы, йæ «хурмæ» кæсы. Ма бавнал, о мæ цæст, кардмæ, Ма кал дæхиуыл уым дон, Рауай-ма ардæм дæ мадмæ, Рауай, æмæ дæ ныхсон...» Хурзæрин рухс тымбыл уатмæ Цардамонд дардæй хæссы, Хъæлдзæг сывæллонмæ, мадмæ Стыр къулæй Ленин кæсы. , Бандоныл иунæгæй бады, Уарзон у, аив йæ каст. «Чи у, чи, уыцы лæг?» — мады Саби куы кæны хынцфарст. «Худы дыл, худы, мæ зæрдæ, Исчи ма уымæ кæсæд,— Дзурынхъом махæн к)уы фæдæ, Ау, уый куыд нæ зоныс уæд! Адæм кæрæдзи куыд уарзой Ноджыдæр абон фылдæр, Сабитæ хурмæ куыд хъазой,— Тох кæны Ленин ныр дæр!» «Дзур мын, цы ран цæры Ленин, Дард ран æви кæд хæстæг?— Уый æз дæр иу хатт куы фенин, Азгъорин уымæ цæрдæг!..» 26
«Ленин кæцы ран нæ цæры, Ахæм къуым а зæххыл нæй!— Мæнæ дæу хуызæн кæстæры Хъахъхъæны ал-хатт фыдтæй! Айрæз мын, кус-иу, мæ къона, Хорз-иу æмбалимæ цæр, Мад дæ йæхицæн ныфс хона, Ленинау хорз уай ды дæр!» 27
НÆРТОН ЛÆГ Нæ сыскъуыд, нæ, нæртон лæгæн йæ хъæстæ, Нæ акалдта йæ даргъ мæсгуытæ уад! Ныууагъта уый хæдивджытæ йæ фæстæ, Цæмæй йын сисой арвы онг йæ кад!.. Батрадз ма не ’хсæн абон дæр фæцæры. Фæхæры уый йæ фыдыбæстæй ард!— Нæ бакуымдта йæ зæппадзы æвæрын,— Къæвдаты знагмæ фелвасы йæ кард! Фæкæны тохты не ’хсаргард йæ хъуыддаг, Фæхъэзы арæх хуримæ йæ ком... Кæд Плион у нæртон лæгæн йæ мыггаг, Кæд с^хъ лæгæн Иссæ хонынц йæ ном. Цæгъды фæндырæй ныхасы Хъуыбады, Кæны ма уый нæ тухитæ хъуыды!.. О, урсбоцьо Уырызмæг та фæбады _ Зæрдæхъæлдзæгæй хистæрæн куывды. Æнкъардæй араст Нарты Сослан хъазтæй, Чызг — аххосджын, Дзерассæ та — йæ ном, Ацæмæз нын æрбарынчын фыруарзтæй,— Нæ дæтты, нæ, Агуындæ-рæсугъд ком!.. Æдзæрæг не сси Нарты уæрæх хъазæн, Нæ бамынæг сæ фæндырæн йæ цагъд!.. Сатана ратты фæсивæдæн нуазæн: «Цæрут мын, кусут, айрæзут мын тагъд!» 23
Нæ сæфт нæ хæстон арты æмæ доны, Йæ бæх — саулох, Æрфæныфæд — йæ фæд!.. Кæй фæнда абон ауынын нæртоны, Уый балцы уартæ Садонмæ цæуæд!.. Шахтерæн уым æгъдау ис æмæ кад нс, Уым цинк, йе зды нæ вагонмæ фæкалдис,— Æгуыстæй махæн ницы дæтты зæхх! Ис уым Темболат, ис дзы Мартинайтис,— Куыд банкъуысид æнæ уыдон къæдзæх!.. Ис хистæртæн фæиæринаг кæстæртæ, Бæззынц лæгттн, иæ сæ кæнын зылын!.. Батрадз, Чермен, Къоста æмæ æндæртæ... Æз уыдон ныр æндæр хуызты уынын!.. 1965
ÆГЪДАУ Йæ хъазæнты рогдымгæ хохбæсты хъазыд, Нæ фиййæуттæ фæхсты сæ дзугтæ хызтой... Зæронд лæгтæ бадтысты рагон ныхасы, Сæ лæдзджытæй зæххыл цыдæртæ фыстой... Хæрзæхсад, хæрзаив уыдысты нæ хæхтæ, Йæ хабæрттæ кодта зæрондæн зæронд... Сæ ныхæстæм хъуыстой бæзæрхыг гæнæхтæ, Сæхи хуызæн чи уыдис фидар, бæрзонд. Нæ тарстис ирон лæппу раджы дæр хæсты, Уыдис-иу лæгдзинадæй алкæм бæрæг... Уæд мæнæ æрцæйцыд сылгоймаг сæ рæзты, Нæ зæрæдтæй алчидæр фестад цæрдæг. Æз кастæн: уыдысты хæрзæлвæст сæ рæттæ, Зындысты сæхуыдтæг та уыдон хæхтау. Кæстæртау лæууыдысты урссæр зæрæдтæ,— Лæвæрдтой æмбырдæй нæ мадæн æгъдау: «Ды дæ, ды, нæ тыхдæттæг махæн, нæ кад дæр, Дæ руаджы фæцæуы нæ хъуыддаг хуыздæр». Иæ сæрæй сын акуывта не схæссæг мад дар: «Фæцæрут нын мин азæй ноджы фылдæр!»
САДОНГОМ Дæ зæххыл æрлæууыдтæн, Садон, Кæнын æз хабæрттæ дæуæн... «Цы кæныс?» — фæрсынц мæ. Дзуапп радтон: «Фырцинæй дæр ис, ис, кæуæн!» Кæсын æз æдзынæг нæ донмæ, Къуымæлхуызæй, дзагæй кæлы... Кæсын æз æдзынæг нæ коммæ, Иæ хабæрттæ дардыл кæны... Хæзнатæ ис бирæ нæ зæххы, Кæсын æз, кæнын ма хъуыды — Мæ фыд-иу ам мæнæ нæ бæхыл Æрцæйласта цинк æмæ зды. Рыстысты-иу хуыртыл йæ къæхтæ, Нымбырд-иу йæ риуы йæ маст!.. Мæ фыдæн æгомыг къæдзæхтæ Нæ фесты йæ уæрдонæй ласт!.. Æппæрста йæ уæрдонмæ «дуртæ», «Цард тох у!» — дзырдта-иу мæнæн. Уыдысты хæссинаг йæ хуртæ Мæ фыдæн,— нæ йын уыд гæнæн. Лæууын цыма уымæн йæ цуры, Кæсы мæнмæ афтæ ныр дæр, Цыма уый: «Æруай, мæ хур,— дзуры,— Цæй, акусæм абон фылдæр. 3]
Нæ цинк æмæ не зды æрттивæнт, Нæ кæндзыстæм цардæй уæд хъаст!..» 0, кодтон нæ бæхæн тæригъæд,--- Мæнмæ-иу æнкъардæй ныккаст... Уынын цыма хъуыддаг мæ фыны: Æркъул и мæ риуыл мæ сæр... Мæ рагбонтæ, азтæн сæ быны Хуыссут сымах арф ран кæмдæр... Куыд нæ лæууат хъуамæ мæ зæрдыл,— Ныддаргъ-иу мæ фыдыл йæ бон... Фæтæхы ныр уæлæ мæ сæрты Вагонæн йæ фæстæ вагон... «Дæ фæндаг мын раст уа,— йын загътон,— Уай тагъддæр, у абон дæ рад!..» Цæры ма йæ бынаты Садон, Уый афтæмæй.размæ фæуад! 1963
„ÆЗ ТЫХДЖЫН ДÆН!.." «Æз бæрзонд дæн!—загъта хох,— У мæ дарæс урс фæсмынæй». «Æз хæрзконд дæн! —загъта къох,— Не ’фсæды мæм лæг кæсынæй». «Æз уæрæх дæн!— загъта фурд,— Рæзы адæймаг мæ науы!— У мæ цъæз уылæн рæсугъд, Хъазын уарзы уый, рæвдауын!..» «Æз-тыхджын дæн!—загъта лæг,— Алцæуыл зыны мæ бавнæлд, У мæ куыст мæнæн бæрæг,— Уыйбæрц мæ уæддæр кæм равдæлд! Маргъ дæр н’ атæхдзæн мæнау,— Базырджын мæнæн — мæ уæнгтæ: Уайы денджызты мæ нау!.. Хæхтыл айсгæрстон фæндæгтæ! Ам æз ыссыгътон цырагъ, Калдзæн уый тæмæн æдзухдæр. ’Сараздзынæн æз сымах,— Ноджыдæр мын уат рæсугъддæр!..» 1955 3 Лвэæрст уацмыстæ. II т.
ДУР ÆМÆ ДОНЫ УЫЛÆНТÆ Федтон æй æндæрæбон нæ комн Зæххы тъыстæй сау къæдзæхы цур,— Рæстæгæн уал фенкъуысын нæ комы Терчы фарсмæ бадынуарзаг дур. Машинæтæ бауайынц йæ фæрсты, Æмæ уасын байдайынц хъæрæй, Терчы уылæн ахъазы йæ рæзты, Бадзуры йæм: «цом-ма мемæ, цæй». Бацыдтæн бынтон æввахс йæ цурмæ Абон мæнæ стыр къæдзæхрæбын... Нæ, нæ бæллын ацы уæззау дурмæ, Уарзон нæу мæ зæрдæйæн æппын! Уарзон мын — æнæзивæг уылæнтæ, Чи срухс кодта абон дæр мæ зæрдæ, Чи нæ уадзы хæхты дæр хуыссын, Чи уарзы тæхын æмæ бырсын, Чи ныууагъта дур кæмдæр йæ фæстæ, Чи скъæфы нæ быдыртæн йæ хæрзтæ, Чи ссыгъта йæ хъаруйæ цырæгътæ, Схудын кодта сау айнæг къæдзæхтæ. 34
БИРÆ — Й’АМОНД ИРÆН Бирæ — й’ амонд Ирæн, Кæс, йæ хох фæмил. Сау хохы цъупп — пирæн, Урс мигъ та — къуымбил. Урс хох йедзаг — цинæй,- Райрæзти йæ хъæд,— Уыцы урс къуымбилæй Скæндзысты нымæт. Фосы дзугтæ — мигътæ, Дымгæ сын — фиййау. Скъæры сæ йæ тигътæм,- Заддæр кæм у тау. Скæс-ма сæм ныртæккæ,— Скодта сын тæвд бон,— Банозтой зыдгæнгæ Æрвы цадæй дон. Афтæ мæм фæзыны, Ис сын уым цъæх хос, Мингæйттæй æлвыны Хорз фиййау йæ фос. 35
ХЪАЗБЕДЖЫ УРС САРГЪ Фæцæуын æз фахсы, ныззары мын буц маргъ, Фæцæуын (уæлдæрмæ мæ фæндагыл дарддæр... Зыны мæм, æрттивы Хъазыбеджы урс саргъ, Нæ цъæх бæх йæхæдæг нæу стыр хохæй къаддæр!.. К Фæхаста мæ дардмæ гъеныр дæр мæ хъуыды: «Цы ран уа йæ буц уазæг кадджын Кавказæн?— Кæд Нарты Уырызмæгæн бады йæ куывды, Кæд дары йæ къухы Сатанайы нуазæн!..» 1960 36
СЫЗГЪÆРИН 6ÆЛÆТТÆ Мæ зынаргъ хæххон хъæу, мæ зынаргъ æмгæрттæ, Сымахæн и кусын æдзухдæр мæ зæрды. Мæ рæсугъд бæлæттæ, сызгъæрин бæлæттæ, Кæцæй цымæ тæхат ныртæккæ мæ сæрты? Куы бахъæлдзæг кодтат уæ тахтæй бæлццоны, Æз хъуамæ уæ уындмæ цæй тыххæй нæ бæллон! Куы разилын кодтат мæ цæстытæ доны!— Куы скодтат фæстæмæ сымах мæн сывæллон! Лæууыдтæн, фæкастæн æз бирæ уæ фæстæ, Лæууыдтæн, мæ куыст мæ фырцинæй æрбайрох! Куы ма уæ фæкæнин æз иу уынд æрмæстдæр!— Фæлæ уæ нымбæхста йæ фæстæ нæ сау хох! Сызгъæрин бæлæттæ, Мæ къухты уæ дарин! Нæ бафсæдин никуы кæсынæй уæ хъазтмæ! Фæуайон уæ фæдыл, Кæд искуы ыссарин Мæ сабийы бонтæ, мæ лæппуйы азтæ! 37
ДЖЫЗÆЛДОН Гуылф-гуылфгæнгæ згъоры Джызæлдои, Йæ уылæитæ сдзурынц цыдæр, Зæгъынмæ мын хъавынц сæ фæндон, Нæ хъазт, дам, нын бауарз ды дæр. Нæ хох сæ куыд тынг бирæ уарзы, Æхсынц ын хæларæй йæ фарс. Æргуыбыр сæм кодта ’мæ нуазы Хъæддзау, цыма хурбон бæлас. Кæдæм уайы афтæ тагъд хъал дон?— Кæдæм кæна хъуамæ хæлæф?— Кæсынц æм æнхъæлмæ куыстафон Терк, Урсдон, Æрыдон, Æрæф! Кæрæдзимæ уайынц нæ дæттæ, Фæмысы ма с’ алчи йæ ком, Æрбайсафынц уайтагъд сæ нæмттæ, Ныр Терк хонынц адæм сæ ном. Бырсы Терк, нæ быдыр рæвдауы, Фиййауы дзуг донмæ тырны, Нæ мæнæуы денджыз фæйлауы, Нæ нартхоры тархъæд зыны. Нæ нартхор, ды абон цæй зад дæ!— Нæ хъахъхъæнæг махæн, бæркад!— Иæхиуыл-иу афтæ гранаттæ Æрцауыгъта иухатт салдат. 1957
ЗÆГЪУТ-МА МЫН, АЗТÆ Зæгъут-ма мын, азтæ, Нæ рæсугъд зæххыл Кæрæдзи кæцы ранмæ сурут? Мæ лæппуйы бонтæ, Цы дугъон бæхыл Фæтахтыстут, уый-ма мын дзурут? с Уæ къæвдаты дон-иу Цæрдæг уыд, сыгъдæг,— Æвæлладæй зарыди цардыл!..— ■Мæ зæронды азтæ, Æрцæут сындæг Цыдæр зивæггæнаг цъæх галтыл... Фæзындыстут уалæ,— Фæлæууæн уып нæй,— Æвæццæгæн, усгуртæй нал дæн. Мæ зæронды азтæ, Фæлæуут уал, цæй, Дон адарут хох-рæбын галтæн. 2 О’Х 11-7 0
АУЗ МÆ, ДЕНДЖЫЗ, ЦÆЙ, АУЗ! Хорз у, цъæх денджыз, дæ хъарм бон, Хос у, хæлар у дæ дон. Цæй та, мæхи дæм ныппарон,-- Нал у æнæ дæу мæ бон! Денджыз, дæ сидт мæм фæхъуысы, Ауз мæ, у мыл тыхсаг, Науæд æз мады хъæбысы Цардæй нæ бафсæстæн фаг. Талынг æхсæвты-иу бонмæ Амыдта махæн уый зонд!.. Махæн уый й’ аргъау кæронмæ Иухатт нæ фæци, нæ, конд!— Цас-иу æй уарзтон кæддæрты!— Рохгæнæн уымæн куыд ис! Тиф нын æй ахаста сæрды,— Уыцы æгъатыр фыдниз! Ниугæ ныууагъта йæ хоты, Сидзæрты, йе ’ нахъом цоты Цардмæ бæлгæйæ, нæ мад!.. Уартæ мæ райгуырæн Ходы Бафынæй сау мæры ’нцад... Кадджын дæ, денджыз, мæ цæсты,— Бирæ у де ’ххуыс лæгæн. Ам мын нанайæн йæ.бæсты Батæ, хъæбыстæ, фæкæп! 46
Хорз у дæ быдыр, уæрæх у, Рауад мæ фæндиаг мæ балц... Абон дæ уылæн мæ бæх у, Аив, сæнтурс у йæ барц. Исын цъæх арв æз хъæццулæн, Дон мын — гобан æмæ баз. Ауз мæ, ауз, цъæх уылæн, Мемæ ды бирæ фæхъаз! г. Гагрæ, 2-ХI - / 9 в 1 41
МАЙ ÆРХÆЦЦÆ! Май æрхæццæ, Майы зарæг хъуысы: «Ныр хъызтафон рухс быдыртæй адард!» Май гъеныр дæр махæн кæны мысын,— Туг кæддæр Чикагойы куыд акалд! Уары уый нæ дзыллæтæн йæ хæрзтæ, Хизы уый æппæт дуне фыдхæстæй! Сиды уый, куыд атоной йæ фæрстæ Маринаг хæсткъахæгæн фырмæстæй! Май нæ зоны азарын æнкъардæй — «Бахуд, акаф!» — н ’алкæмæй дæр куры. «Афæрсут уæ кæрæдзи уæ цардæй!» — Уарзæттæп зæрдæхæларæп дзуры. «У мын фидар!—ацæргæйæн загъта,— Дар дæ зæрдæ алы хатт дæхиуыл, Цард куыстæй у!»— Дидинæг æрсагъта Скъоладзауæн — сабийæн — йæ риуыл. Алæууыд йæ рухс лæууæнты алкæм, Тынг цæуы йæ зæрдæмæ нæ фа\члой. Уымæ тырнын, Уый мæ фæнды, адæм Майау ныр мæ фендмæ дæр куыд бæллой! 42
АРВ ТА ЗÆХМÆ СМÆСТЫ Арв та зæхмæ смæсты, Хъус, кæны гæрæхтæ!— Змæст арвæн йæ хæсты Бахаудысты хæхтæ! Калынмæ сæ хъавы! Мигъты фæрстыл уæртæ йе спичкæтæ ’рхафы, Акалынц цæхæртæ! «Дон нын!» — мигътæй хæхтæ Ноджыдæр ма курынц. Уый рæсугъд æртæхтæ Бæлæстæн цы дзурынц? Нал æфсæдынц уыдон Зæххы рухс æнгасæй, Цавæрдæр æхсызгон, Амоидджын ныхасæй. «Ахæм ныв кæм фендис?»— Афарстон æмбалы. Бæлас зæхмæ йе ’взист Бирæгай æркалы. Арв ныннæры, хъазы, Сау мигъты ’фсад арæгъ. Нуазы, нуазы, нуазы Дон, зыд галау, сау зæхх! 1958 43
НЫРМА УАЛ КОММÆ МИТ НÆ УÆНДЫ Нырма уал коммæ мит нæ уæнды,— Иæхицæн тайынæй тæрсы!— Кæрц райсын хохаджы нæ фæнды,— Х^ур уымæ хъарм цæстæй кæсы. Кæлынц сыгъдæгæй, Уайынц дæттæ,— Кæд зонынц уыдон та фæллад?— Нырма йæ диссаджы бæркæдтæ Нæ фæци рагвæззæг нымад! Нырма нæ хъæу сæ куыст нæ уадзынц, Рæстæггай арв дæр ма нæры... Нырма нæ фиийау райсы уадындз, Иæ нард фос хизæнтæм тæры. Фæзыны бонæй раджы уазал, Фæлæ йæ суры хур — бæлццон! Вæййы ма хъарм бонтæ, нырма уал Æзгъорын суадонæн — æнцон. Нырма дыгоппон дæр фæзары, Зынаргъ у, адджын, уымæн хур. Нæ хъæд,— нæ хъæд нырма (уал дары Кæм сау, Кæм цъæх, Кæм сырх, Кæм бур...
Нырма бон не екъолайы дуармæ Нæ кæны сабиты тыхсын, Фæлæ колхозоны хæдзармæ Ныххойы дымгæ дуар тщхджын: «Куыд нæ уай тъæнджы мæй æнæбон,— Дæ гонтæм тагъддæр хор фæлас!— Нæ хъæумæ уазалтæ зымæгон Æрцæуын ма уæндой æввахс!» 1960 45
ЗЫМÆГ САУ ХÆХТÆЙ ÆРКАСТ Сау хæхтæй æдзынæг Рагаца»у æмраст Уазал цæстæй зымæг Быдыртæм ныккаст. Хъарм бонты нын суры,— «Тагъддæр, фæззæг, згъор!— Акус, акус!—дзуры,— Афснай цырд дæ хор! Скæс мæм ардæм,—митмæ,— Уарзон нæу мæ каст! Хоры стыр кæритæ Уæнт дæ гонтæм ласт! Карз вæййын, уырнæд дæ, Бараг дын нæ дæн!— Райсоммæ бынæттæ Арæвдз кæ мæнæн!» Урскæрцджынмæ дзуры Буркæрцджын: «Нынцай!.. Теркæн хор йæ цуры Йе ’ппæт нæу æфснайд! Ракæс ардæм, марадз, Цас мæм и бæркад! Кусын (уал мæ бауадз,— У нырма мæ рад!
Дзаг голджытæн се ’фсад Аласон, ды уал Уым дæ цуры де ссад Къæдзæхтыл фæкал!» 47
УÆЛЛАДЖЫРЫ КОМЫ Уæлладжыры комы мæ хъæумæ фæцæуын,— Куыд аивин хъ(уамæ мæ зæрдæ мæ хъæуыл! Фæцæуын,— фæхъусон нæ дæттæн сæ хъæрмæ, Фæзындысты урс мигътæ хохæн йæ сæрмæ. Сæ хæдфарсмæ зилынц уæндонæй цæргæстæ. Уынын æз нæ хохæн йæ рæсугъд бæлæстæ, Кæнын цин æз уыцы æмбисонд бæлæстыл, Æрзадысты хохæн фæндонæй йæ фæрстыл, Нæ тæрсынц дымгæтæй, нæ бамбæхсынц уадæй,— Куы раппæлынц райсомæй хурæн сæ цардæй. Сæ мæргътæ сын алы бон зарджытæ зарынц. Цæмæй цæрынц уыдон?— Цъæх-цъæхид куы дарынц. Нæ фидар къæдзæхтæ, уæйыгхуыз къæдзæхтæ, Фæкæны сын дымгæ цæуылдæр ныхæстæ... Кæд банкъуысой хæхтæ, Кæд ракæлой хæхтæ, Æрхаудзысты коммæ уæд уыцы бæлæстæ!.. 24-11-1967 48
МÆ ХЪÆУÆН Цы фесты мæ хъултæ, мæ хызын?— Цы фæци мæ бадæн — мæ дур? Дæ тигътæ, дæ кæмттæ фæмысын, Мæ чысыл хæххон хъæу, мæ х(ур! Ныр дæр ма мæ зæрдыл фæдарын Дæ рæсугъд æхсæрдзæнты хъазт, Нæ къонайыл гæдыйы зарын, Нæ уæлхæдзар уасæджы уаст. Фæдарын мæ зæрдыл, мæйдары Куыд уарыд нæ мæсыгыл мит... Ныр афонмæ хохы нæ цары Нымбыди мæ кæрцы къæрит. Нæрыд арв, дæ хох-иу куыд барызт, Нæ рох кæнын уый æз нырма. Дæ мигътæ лæджы тугæй ахуырст Изæрæй (уыдысты цыма... Иæ сау æзмнс бирæгай хаста, Цыма-иу фæмæсты бынтон, Иæ дуртæ, йæ къæйтæ-иу саста Хъæргæнгæ, хылгæнгæ, нæ дон. Дада-иу изæрæй фæрасти Æд лæдзæг нæ уынгмæ, мæнмæ; Нана-иу æнхъæлмæ фæкасти, Кæд зындзæн йæ лæппу хъæмæ! 4 Æпшврсг ущмыстэе. II т.
Æз-иу ын æскъуыдтæ хæдоны Æрсастон нæ кæрты йæ суг, Хуыскъæлтæ йын хастон мæ роны, Æскъæрдтон-иу хъоммæ йæ хъуг. Мæн хуыдта йæ рухс хур, йæ дарæг, Нæ мыл уагъта абадын къæм!.. Мæ райгуырæн бæстæ — ныййарæг, Кæм уыдзæн дæуау адджын, кæм? Кæй фæндид дæ фаронмæ здæхын? Кæй хъæуынц дæ талынг, дæ мит? Фæлæ мæн дæ (урс хохмæ стæхын Дæ уæндаг цæргæсау фæндид! Фæндид мæ, мæнæн дæр куы ’нтысид Хæххон хъæуæн раттын æгъдау! Фæндид мæ, мæ дзырд дæр куы.хъуысид Хæххон хъæуæн й’ арвы нæрдау. 50
ХЪАМБЕРДИАТЫ МЫСОСТÆН Уыд уалдзæг йæ тынгыл, ысфæлыста бæстæ... Мах хохы бæрзондмæ цыдыстæм дæ фæстæ. Нæ фæндаг нæм сидтис, нæ зæрдæ дзы ради, Кæм комыл, кæм та-иу уый къултыл ысуади. Нæ размæ — уæлвæзтæ, нæ бафале — тархъæд. Зындтæ нæм уæлозæй, бæрæг уыд дæ арф фæд. Тых æвзæрд нæ уæнгты дæ |уадзындзы цагъдæй. «Æрбад уал, фæлæуу нæм,— дзырдтам дæумæ дардæй. Уыдзæн нын æхсызгон дæуимæ нæ фембæлд...» Фæлæ дæу дæ куыстæй, æвæццæгæн, не ’вдæлд. «Æййафут, ме ’мбæлттæ!»—дæ ныхас нæм хъуысти,— Ысуайын дын къулы сахатмæ цы ’нтысти, Уый цалдæр сахатмæ дæр де ’мбæлттæн не ’нтыст. «Æййафут мæ тагъддæр!» — дæ ныхас та фехъуыст, Тырныдтам дæ фæстæ. Ысхæццæ стæм рагъмæ. Фæлæ поэт нал зынди иуафон махмæ... Мысост нал худт раздæрау махмæ хæларæй. Кæд йе ’мбæлттæй амбæхст уый искуы ам барæй? Дæ рухс цæсгом нал зынд, дæ ныхас нæм нал хъуыст. Фæцæуын кæронмæ поэтæн нæ бантыст. Уæд федтам дæ чиныг, дæ «Цин» дын ыссардтам Æмæ йæ нæ къухты æхсызгонæй дардтам. Дæ зарæг ныннæрыд, уым—де ’хсар, дæ кад дæр... Æмæ демæ иумæ цыдыстæм мах дарддæр. 1957 51
КÆСЫНЦ МÆМ АФОНМÆ ÆНХЪÆЛМÆ Нæ хъусын суадæттæн сæ хъæрмæ, Æнкъард æз уымæн дæн, бæгуы!.. Кæсынц мæм афонмæ æнхъæлмæ Хъæлæрдзы, саунæмыг, мæцкъуы... Ныддымсти дзаг лалымау хъалгъæн,— Нæ хæхты диссаджы бæркад! «Æрбакæс ацырдæм, æз хъал дæн,— Зæгъдзæни,— ацы ран æрбад...» Фæфæлмæн адджын мæнæргъ рæгътыл, Нæй тонæг уый, æмæ тыхсы... Дзæбæх йæ сыфтæрхуыз тæбæгъты Сырх-сырхид дардзæни сыхсы... Иæ фенын хъоппæгæн æмбæлы,— Иæ даргъзæнг афонмæ ныннæрст, Рæсугъд у (урсхудджын гæнгæлы, Уый æз куыд ратонон æрмæст?.. »'. «Æз та дын, о хæххон, цы кодтон?» — Нæ зæгъдзæн сау дзедыр æниу. Мæ сæрмæ хъаздзæни дыгоппон, Ныззардзæн, цин мыл кæндзæн цъиу. «Æруай-ма,— сиддзæн мæм æхсæрдзæн,— Дæ низтæ айсæфой бынтон!..» Мæ буарыл къæдзæхæй æркæлдзæн Æвзистау замманайы дон...
Фиййауæн райсдзынæн йæ уадындз, Дзæбæх фæуасдзынæн мæ фаг... Фæлæ мæн чидæртæ нæ (уадзынц Нæ хохмæ, у, дам, дзы тæссаг... Фæрсын сæ: «Ацы ран куыд лæууон? Куыд уа мæ зæрдæйæн æнцон? Тæссаг мын уымæй у, куынæ уон Нæ хæхты а сæрды бæлццон...» 1965 53
УАЙÆМ ЛИТЕРАТУРОН ИЗÆРМÆ Лцы æмдзæвгæйæ арын мæ зынаргъ уазджыты Мамакаев Магомед, Шомахов Амырхан, Яндиев Джамалдин æмæ Макитов Сафары нæмттæ Нæ «Волгæ»-йæн кæмтты куыдæй ис фæллайæн,— Кæны цыбыр махæн нæ фæндаг, нæ бон! Мах хохмæ ныртæккæ хъуыддагмæ фæуайæм,— Балхъайраг, цæцæйнаг, ирон лæг, кæсгон... Иу иннæмæн хъусы йæ хъæлдзæг ныхасмæ, Зæгъы йын, кæй кæны Ирыстоныл цин!.. Мæхъæлон хæрæфырт куы бады мæ фарсмæ, Тыхджын у йæ ныхас, йæ ном — Джамалдин. Нымайы нæ «Волгæ» нæ кæмттæ, нæ рæгътæ... Хох цалæм хатт федтам, уæддæр кæнæм дис!.. Кæд акала исчи йæ тыхæй нæ хæхтæ, Уæд махæн дæр хæцæны абырсæн ис! Мах сæмбæлæм хъуамæ бынатыл æмгъуыдмæ,— Дзырд раттæм шахтерæн, нæ ныхас — зынаргъ, Нæ рухс фæндаг адаргъ и быдырæй Зджыдмæ, Фæлæ уайы, уайы æвæлладæй цалх... Кæсын æз Зынцъармæ, Унал æмæ Луармæ, Кæнын æз мæ хæххон бынæттыл ныхас... Фæлæууыдис «Волгæ» хæххон лæджы дуармæ, Лæг «Мидæмæ!—дзуры,-—Цæут нæм æгас!» 54
Амырхан фæцæрдæг, йæ зæрдæ куы райы, «Кæс къултæм!» — зæгъы йын Макитов Сафар. Мæхæмæт ысног и, кæсы мын Къостайы, «Æрбайхъус!» — хæссы мын йæ цардæй хабар!.. Къæдзæхтæ — нæ фале, къæдзæхтæ — нæ сæрмæ! Фæзынд уалæ ахстонау стыр фахсы хъæу. Нæ хæдтулгæ уайы уæлдæрæй-уæлдæрмæ, Нæ фæллайы хæрды, уый саргъыбæх нæу!.. Æрынцадис уазæг хæххон лæджы дуармæ, Ныдзæвы нæ фарсмæ цъæх арвыл нæ хох, Амырханмæ дзурын, Мæхæмæт, Сафармæ: «Уæ хорзæхæй, ма кæнут иу хъуыддаг рох,— Цæмæн кæрут дисгæнгæ хохæн йæ коидмæ,— Зындæр у нæ фæндаг, хуыздæр у нæ бæх! Хъæуы мах та схизын Парнасы бæрзондмæ,— Иæ пегасмæ базилæд алчи дзæбæх!..» 55
ЗАРЫ ЦЪИУ КЪУЫЗЗИТТÆЙ .Зары цъиу къуыззиттæй: «Нал у хъызт æддæ!» Хурзæрин та миттæй Аразы дæттæ. Цъиуы хъæлдзæг зарын Урс митæн фыд у!— Замманайы уарын Сау зæххæн куывд у! Тулдзы дарæс фендæр.— Ацъæх и йæ хих. Хуры руаджы Терк дæр Асаста йæ их. Уарынмæ ныддардта Даргъ дзыккутæ бæрз. Хорз амонд ыссардта Зазы фарсмæ кæрз. Ивылд Теркмæ дæттæ . Бирæгай кæлынц, Ласынц хуыр, бырæттæ, Зарджытæ кæнынц. Ис сын ныр куыстытæ, Хидтæ сыл — цæттæ, Раласынц лйстытæ, Раст цыма хъæдтæ. 56
Ставд æртæхтæм дары Зæхх æнцад йæ риу. «Уалдзæг, уалдзæг!» — зары Стыр бæласæй цъи^у. ЭТ
ИРЫ ЗÆРÆДТÆН Рæсугъд сæ рæгъ уæ пылыстæг бæрцытæн, Уæ сæртæ — урс, æвзистæй та —уæ рæттæ. Сымахмæ абон зондагур æрцыдтæн, Ирыстоны цыллæбоцъо зæрæдтæ1 Куы ’рбадут ам нæ фыдæлты ныхасы, Кæны уæд рухс уæ бакастæй мæ зæрдæ. Дада лæдзæг пъеройы бæсты райсы, Фæфыссы уымæй сау зæххыл цыдæртæ. Лæмбынæг хъусын у’ алкæцы ныхасмæ,— Кæнут ныхас уæ хъæзтытыл, уæ дугътыл... Цæй, бар мын раттут,— алæууон уæ фарсмæ, Æркæнон хурмæ уазал дон уæ къухтыл. Цæрут нын бирæ, хур уæ сæрмæ хъазæд, Ут хызт æдзух уæ кæстæртæн сæ зынæй! Тæхуды æмæ ацы зæххыл бафсæд Куывды сымахмæ нуазæнтæ хæссынæй! Кувдты æмæ чындзæхсæвты фæбадат,— Æлхæдтат тугæй фæсивæдæн бартæ! Нæ уын уыд, нæ, уæззау рæстæджы фадат,— Уыдаиккат Толстойтæ ’мæ Къостатæ. Нæ уыд амал уæ рæстæджы фæлтæрæн,— Къæвда уыд, тох (уыд у’ алкæцыйы скъола, Фæлæ цы дзурут ацы ран кæстæрæн, Уый хъуамæ лæг æнæфыст чиныг хона. 58
Ныр дæр нæ кæнут иу минут уæхи мæт, Зæгъут: «Лæппутæ стыр тых хъуамæ ’вдисой!» Фæнды мæн тынг, нæ рæстæджы фæсивæд Уæ хорз хъуыддаг, уæ хорз æгъдау куыд исон! 1963 \ 59
МÆ ЗЫНАРГЪ ФЫСЫМ Цин кæнын мæ фысымыл: Хорз зарæг мын зары. Уарзын æй, фæтыхсы мыл Хи уæрæх хæдзары. Уарзон сты йæ ныхæстæ, Хъусын сæм æз цадæг, Ратты мын хуыздæр хæрзтæ, У мæ быйат сатæг. «Раджы ма у, ма-ма схуысс, Бад æнцад мæ цуры. Курын, уазæг, ма мæ стыхс»,— Афтæ цыма дзуры... Сты йæ хæстæ фидинаг,— Бирæ сты, ахъаззаг. Ам йæ фарсмæ дидинæг Цалдæр бонмæ разад. Бирæ уарзы а бæстæ, Зæрдæ сыл нæ ивы. Айвæзта йæ къабæзтæ, Хурмæ нын æрттивы. Арæх мæнæ хох мысын Æз, хæстæг уон, дард уон... У мæнэен мæ хорз фЫ’сйм Хохаг рæсуг суадон.
Зары мын йæ рухс комы, Зоны цыма, чи дæн. Истытæ нæ, фæдомы Уый мæнæй йæхнцæн... 1966
ÆРЗАДТÆ ХЪАЛ ТЕРКÆН ЙÆ ШАРСМÆ Чъерджиаты Хазбийæн Кæсын дын, хорз бæлас, дæ асмæ, . Кæсын дæм,— аив у дæ конд, Æрзадтæ хъал Теркæн йæ фарсмæ, Фæцыдтæ бархийæ бæрзонд. "Кæсынц дæм де ’мбæлттæ дæр уæртæ,— Дæ хъæлдзæг ды, æдыхст, æдас!— Куы змæлынц де ’мбисонд сыфтæртæ,— Мæнимæ ма кæнæнт ныхас... Уæд дыл-иу архæхдæр хæцыдтæн, Æрвыстон а зæххыл мæ Май. Æз ардæм хох-бæстæй æрцыдтæн, Цæмæй мæм алы бон зынай. Дæ фарсмæ уыцы галуан уæртæ Уыди мæ хъомылгæнæг уæд. Æз ууыл не сивтон мæ зæрдæ,— Ам махæн мин азты лæууæд. Æз уымæн бацæуын йæ цурмæ, Æнцад æм байдайын кæсын!.. Æз уымæн бавналын йæ дурмæ,— Æваст æрбайсæфы мæ зын! Йæ систæ фауинаг куынæ сты,— Нæ ракалдзæни уыдон |уад!— Ау, ды куыд нал зонай, дæ рæзты Æд чиныг иу лæппу куы уад! 62
Хылд дæм гаедыйы хуызæн, маргъау Дæ цонгæй кодта уый пæррæст. Дзырдтой йæм хорз æмбæлттæ: «Ма ’рхау,— Дæ куыст дын чи кæндзæн æххæст!..» Æз арæх (уыцы бонтæ мысын,— Цы уарзон уыдонæй фылдæр? Кæсы мæм афтæ, цыма хъуысы Сæ ныхас ме ’мбæлттæн ныр дæр. Кæны мæн се ской дæр æрыгон, Кæны мæн базырджын сæ дзырд. Кæрцджынтæ, дзабырджынтæ — уыдон Кæнынц сæ даргъ кæрты æмбырд. Цыма лæууы Гагуыдз мæ цуры, Æнцад мын амоны мæ хæс... Цыма мын Собийы фырт дзуры: «Райс чиныг, арæхдæр æй кæс!» Цыма ныл скодта кæрты хур бон, Кæнæм нæ райсомыл ныхас... Фæлæ мæ хабæрттæ цы дзурон Дæуæн, бæлас дæ ды, бæлас. Кæсын дæм, аивтай дæ хуыз дæр,— Фæуади азы фæстæ аз... Цæй, акæнон дæуæн хъæбыс дæр, Мæ уарзон даргъ уæрæх бæлас. 1958 63
ХОДЫ ЦÆРДЖЫТÆН Хъарм тынтæ хурзæрин Ходæн нывæнды,— Хъуамæ цæмæн кæной цардæй хъаст Ход? Хорзæй мæн абон сымахæн цы фæнды, Уымæн йæ дæсæм хай ныр мæхи фод! Цас уарзын а зæхх, дæ хорз æгъдау, не ’фсин? Нæй мæм нывыл ныхас, исчи зæгъæд!.. Дарвазæй коммæ цыфыддæрау фехсин Æз мæхи абон, куы бахъæуид, уæд!.. Гатетæй, Созайтæй, йе та Гагатæй Чи уыд æнæсæрæн, чи уыд æвзæр? Мачи фæцæрæд ам къаддæр Бабатæй*, Уымæй (уæ алчи фæцæрæд фылдæр!.. Чи уыд йæ саразæг фидар гæнахæн?— Не ’хсæн кæй рахонæм Нарты Сослан?— Мæнæ Берды у нæ Уырызмæг махæн, Знауыр —Ацæмæз, нæ Батрадз — Солтан... Ам тахтæн арæх цъæх-цъæхид кæрдæгыл, Ам сдæн фыццаг хатт мæ куыстæй бæрæг!.. О, рох куы кæнин, щъщ хастон хæрæгыл Хъæдæй суг ардæм, уæд уаин хæрæг! Уæд лæг æфсармджын, чындзмæ уæд чындзы ’гъдау, Хистæрæн хъарæд кæстæрмæ йæ дзырд!— Дзугкойты Нинæйы кусаг бындзытау Кусут сымах дæр æнæзивæг, цырд! 1966 *Дзугкойты Баб а’т—фæцардис астыссæдз азæй фылдæр. $4
МÆ ФЫД Мæ фыд Хосдзауы æрæмысынæн Иæ фыд ма немæ абон дæр цæрид,— Хуыдтой йæ стыр хох, тарстысты дзы низтæ, Кæлид йæ ныхæй быдыры йæ хид, «Лæппу, цырд фезмæл!»— афтæ мын зæгъид, Сæттид йе суг, йе амаид йæ систæ. Кæнид йæ цæвæг арф кæрдæджы ’хситт,— Тæрхъус дзы-лидзид, стæхид уæрцц йæ разæй. Фæлæ ныууарыд иурæстæджы мит,— Сыхаг сыхагмæ нал цыдис æдасæй!.. «Кæм уа мæ хъæбул?» — старст бæлццонæн мад, Фæхъуыста кæртмæ дымгæйæн йæ хъæрмæ... Фæуад мæ фыд кæйдæр тыхстмæ, фæуад,— Æнцад хуыссын нæ бахаста йæ сæрмæ... Зылди йæ сæр, ысрыстысты йæ фæрстæ, Фæлурсæй нын йæ зæрдæйыл хæцыд!.. Æрхуыссыди, æрæвæрдта йæ гæрзтæ Нæ хъæуы фкдауц, се стыр ныфс — мæ фыд!.. Тыхсти кæуылдæр, уый цинмæ бæлгæ, «Уарз адæмы» — ныффæдзæхста мæнæн дæр... Цæрид мæ фыд ныртæккæ дæр, бæргæ,— Фæлæ хъуыдис æххуыс кæнын кæмæндæр. 31-У-1971 5 Æвзæрст уацмыстæ. II т. 65
ФÆЦÆУЫН ХОХМÆ Фæцæуын хохмæ,— хохаг лæг кæд дæн, Æз кодтон уалæ уыцы фæхсты хъомыл. Цæмæн мæм хъуысынц аланты кæрдтæн Сæ цъыччытæ мæ Уæлладжыры комы?.. Кæй нæтын хъуысы? Радзур-ма, хох, цæй! Кæд аивгъуыдта уыцы фыдты афон!— Кæцæй ауади хъустыл уæд, кæцæй, Бæхты хуыррытт, бæхты къæхты хъæр абон? Зыны ма уæлæ къæдзæхыл фæд дæр,— Æвдыста хан йæ фыдбылыз, йæ хинтæ!— Уыдыстæм мах милуантæ кæддæр, Цы тохты сыстæм, стæй цы зæххыл, минтæ? Цæй рыг сбадт рагъыл уалæ (уый, цæй рыг? Фæдисон чи у? Радзур-ма, хох, радзур!— Ныккаст æнкъардæй комырдæм мæсыг — Зыны мæнмæ та: слæууыди хъалагъур! 1970
НАНАЙÆН Нана-иу мæнæн тарст мæлæтæй,— Сыгъта-иу мæ тохты цæхæр!— Мæнмæ каст æнхъæлмæ, мæ мæтæй Фæхалас æгæр тагъд йæ сæр! Йæ къухтæ бæмбæгæй — фæлмæндæр,— Йæ ныхас хæзнатæй — хуыздæр... Мæ цæрайæ цæры, йæ къæбæр Нæ хæры æнæ мæн ныр дæр. Цæудзæни мæ куыст дæр зæрдæмæ, Нæ йæм хæсдзæн ме ’мбæстаг фау, Куыд ысуой нанайæн фæстæмæ Мæ цинæй йæ дзыккутæ сау! 67
НАРЫ ХЪÆУÆН Дардæй мæ салам Æрвитын æз Нарæн, Нарæн — хæххон хъæуæн, Амонды ранæн! Кувын мæ сæрæй æз уыцы хæдзарæн, Саби кæм райгуырдис иухатт Леуанæн! Срухс æсты уæлвæзтæ, Радысты кæмттæ, Чындзытæ рагацау уынгтæ ныммарзтой. Уыцы бон цъититы рæбынтæй дæттæ Стыр цины хабæрттæ денджызтæм хастой. Устытæ уаты цырæгътæ æссыгътой, Æфсинтæ се ’ртæ чъиримæ зылдысты... Акодтой К|усарт, бæгæны æсфыхтой... Хъæубæстæ се ’ппæтдæр куывдмæ цыдысты... Зæронд лæг ракодта Асджиаг ныхæстæ: «Саби рæхджы бон æстыр лæг куыд рауа, Саби куыд уарза Иæ райгуырæн бæстæ, Зонд æмæ рухсдзНнад Хæхтыл куыд тауа!..» Чи зыдта,— хохагæн бирæ æнтысдзæн, Рагоы нæртон лæгау Зарджытæ зардзæн, Уый ныхас арвы нæрынау кæй хъуысдзæн, Адæмы сæрыл йæ мæлæт кæй ардзæн. Бузныг, æстыр бузныг, Уыцы хорз мадæй, 68
Ие ’хсар, йæ хъару кæй фæрцы фæбæрæг, Адæмы фæндиаг бафсæдæд цардæй, Чи уыдис уымæн йæ буц ном æвæрæг! Макуы нæ ферох уæнт уыцы цъæх фæзтæ, Уый-иу кæм сулæфыд, уый-иу кæм бадти. Уыцы ран зайæд сызгъæрин бæлæстæ, Сагъæстæгæнгæ æнкъардæй кæм хатти. Дардæй мæ салам Æрвитын æз Нарæн,. Нарæн — хæххон хъæ^уæн, Амонды ранæн! Кувын мæ сæрæй æз уыцы хæдзарæн, Саби кæм райгуырдис иухатт Леуанæн! 69 ъ »
КЪОСТА-ИРЫСТОНЫ ЗЫНАРГЪ ЛÆГ Къоста—Ирыстоны зынаргъ лæг, Нæ куыст, нæ хъуыддæгты цæрæг... Зæгъынц, куы, дам, фыста йæ зарæг, Уæд кодта зарæгмæ хæлæг. Иæ зæрдæ мæгуыртæм æхсайдта: «Нæй цард æнæуыдон мæнæн!» Йæ зæрдæ хорз лæджы нæ сайдта: «Нæй царды зарæгæн мæлæн!» Зындысты бирæйæ йæ фыдтæ, Нæ фæтарст уыдонæй уæддæр!— Дзырдтæ йæхинымæр: «Мæ дзырдтæ, Сымах бæрц, гъæй-джиди, фæцæр!» Къоста — нæ кад æмæ нæ зарæг,— Нæ цинтæй никæд уыдзæн цух! Цæрдзæн Ирыстоны зынаргъ лæг Зæххыл йæ зарæгау æдзух! 1958
ТАРХЪÆДЫ ЛÆВАР Æз хъæдмæ фæцæуын,— зыны йыл мæ къахвæд. Æрлæууын, мæ зонгæ бæласыл ныдзæвгæ... О, балæвар кодта мæнæн абон тархъæд Æнæниздзинад æмæ ноджы æмдзæвгæ. 71
ÆЗ ÆМÆ ГÆБУДЗАЙЫ ШЫРТ Дзугкойты Михайлойæн Ам æз æмæ Гæбудзайы фырт абон Иæ уæлвæзты нæ райгуырæн хъæуæн Сæрдыгон бон, нæ фæлладуадзæн афон, Кæуылдæрты ныхасгæнгæ цæуæм... У хæхты бакаст зæрдæйæн æхсызгон, Фæнды сæ цыма истытæ зæгъын, Цыма сты уыдон мах хуызæн æрыгоп, Цыма сæ дардмæ бафæндыд тæхыы... Стæм мах хæххонтæ, стыр былæй нæ хауæм, Нæхи нæ хонæм ацæргæ ныр дæр, Кæйдæрты фауæм, иннæты та стауæм,— Чи хорз у не ’хсæн, чи та, дам, æвзæр! Нæ рагбоп мысæм, ахудæм нæ митыл... Ам хох-рæбынты, сау къæдзæхты ’хсæн Бæгъæмвадæй-иу басыдыстæм митыл Кæддæр æнæбон сауцъиуты хуызæн!.. Хуыскъæлтæ къахтам, хъазыдыстæм хъулæй, Тыдтам гæнгæлы, дардтам дон бæхæн... Нæ зæгъæм «сахъ уыд» ницæйаг Гæбулæй, «Зынг уыд, лæг уыд»,— Гæбудзайæ зæгъæм. Уый йе ’мбæлттæ хъæбатыр лæгæй федтой, Ныууагъта ’хсаргард уый буарыл фæд дæр!— Японы хæсты, сæрсæфæнæй йе ’ккой Хораны фыртьг рахаста кæддæр!
«Рæвдз лæуу, æфсæддон!» — сидтис-иу æмгармæ. Тæппудимæ уый цал хатты фæхыл!— Йæ цардыл дзурам, кайысты хæдзармæ Куыд бахызт дуарыл сахъ салдат бæхыл... Цæуæм, кæнæм нæ зæрдиаг ныхæстæ,— Нæу сæфынæй нæ рæсугъд бонæн тас! Лæгæй, лæгæй, дам, сфидауы хъæубæстæ, Лæгтæ та Ходы цас уыди, уæд, цас!.. Нæ лæппу тахти урскъах бæхыл маргъау. Уыд Гоцц сæрæн, кæнæм ма йæ хъ|уыды... Хадæхц-иу кодта фæсивæдæн аргъау, Лæвæрдта Джино махæн хай куывды... Уæд ма мæнæн мæ Дзыцца дæр æгас уыд, Мæ фæдыл-иу нæ къæсæрæй ныккаст... Мæ фыд Хосдзауæн даринæгтæ цас уыд!— Æрмæст-иу уый фыдæбонтæй нæ тарст!.. Кæны мах хъæлдзæг суадон дæр йæ зардæй, Йæ хуыртыл (уайы, нæй йын, нæц, адзал. Ныккастис нæм нæ сау мæсыг æнкъардæй,— Иæ самайджыты нал уыны уый, нал!.. Цæуæм мах, хъусæм, зарынц мæргътæ фæзтæй, Цæуæм мах, дзурæм, чи нæм у нымад, Нæ хъæумæ ардæм цал нал раздæхт хæстæй, Нæ хъæуæн систой арвы онг йæ кад! 5-ХП-1968
ХÆХХОН ЛÆГ ДЖИНО Хорз лæг уыд хохаг лæг Джино, Уарзон зæхкусæг, хъæбатыр, Хæхтæ уыдысты йæ кино, Дугъ æмæ хъазт та йын — театр. Кусын уыд уымæн æхсызгон. Худтис æдыхстæй цæрæгыл. Хъæдæй-иу хорз лæг сæрдыгон Хаста мæхъиаг хæрæгыл. Амадта сыхæгтæн систæ, Скъæтты-иу сбыдта кæвдæстæ, Баста йæ хуымы куыристæ, Амадта ноджы уыгæстæ. Къулы-иу хос дæр ыссывта Буц кæстæртимæ сæрæн лæг. Хъазыд изæрæй, æрттывта Хосдзауты ’хсæнæй йæ цæвæг. «Ма бадут иуран сымах дæр, Фезмæлут, ут мын уæ сæрæн! Сабитæ, акусæм тагъддæр!» — Загъта-иу уарзон кæстæртæн! Хъахъхъæдта Джино æдыхы, Давæджы та-иу сырд хуыдта!.. Иухатт та цалдæр къæрныхы Хъæдмæ лæдзæгæй фæсырдта! 74
Вайсынмæ хъавыд абырæг Комрæбын уымæн йæ галтæ, Ставд лæдзæг райста мæгуыр лæг, Хъримаг æй фенхъæлдтой хъалтæ. I Тархъæды айсæфт лæгмарæг, Уый та йыл худæгæй хæлди. Комы ныннæрыд йæ зарæг Æмæ цъæх арвыл æмбæлди. Хохаг фыдбонтæй нæ тарсти,— Каст æм æгад ми мæлæтау — Урс хох æм сахъ лæгау касти, Сау мигъ та хохыл — нымæтау. Мысын ныр дæр ма йæ нымæт, Бадтис-иу арæх кæрцы дæр, Мысын йæ цухъхъа, йæ куырæт Æмæ йæ рæсугъд бæрцытæ. 1957
ДÆН СКЪОЛАДЗАУ НЫР ДÆР МА Дæн скъоладзау ныр дæр ма, цард та Фæкæны ахуыр мæн æдзух. Мæ хæстæ абон дæр нымадта: «Ды де скъолайæ ма кæ цух». Фæкæны хатгай мемæ загъд: «Дæхиуыл кус, цу размæ дарддæр!» Фæзæгъы афтæ: «Ма кæ тагъд!» Кæннод та сдзуры: «Фезмæл тагъддæр! Зынтæн-иу ма баком сæттын. Бæзз-иу хæстонæн ал-хатт цардæн. Дæхиуыл ма фервæсс, уæд дын Фæхуддзысты дæ митыл адæм». Æз-иу рæдыд мæ куысты н ’ардтон, Уыдтæн чысыл æнтыстæй хъал. Æмбалы хин лæгыл нымадтон, Æз хины рахуыдтон æмбал. Æвдисынц афæдзтæ мæ рæзт,— Уадз, цард йæ рухсдæр рæтты згъора!— Мæнæн æрæджыйы фыдхæст Уыди мæ зындæр кæсæн скъола. Ис ахуыргæнæг, (уый зæгъæд, Уыдысты рухс мæнæн мæ фæндтæ!— Мæлын кæй фæнды, фæлæ уæд Уьтд ахæм ме -скъола, æмбæлттæ!
Мæ тых нæ бакуымдта сæттый, Æз суанг цæхæры дæр нæ сыгъдтæн. Фæдæн æз иуцæсдæр мæрдты, Уыд талынг уым æмæ æрлыгъдтæн. Кæнын мæхæдæг дæр ма дис, Мæрдтæй куыд æрцыдтæн фæстæмæ. Цæфтæ мæ зæрдæйыл дæр ис, Æрмæст куыд разыиой æддæмæ. Фæзæгъы цард: «Цæй, тагъд цæуæм! Ныхасыл афтæ тагъд ды ма ’ууæнд. Æмбæлттæ ис, фæлæ дæуæн Æмхуызон уыдон, мæ хур, ма уæнт. У тынг хорз. 0, кæй дæ хуымæтæг, Æрмæст дæу афæрсын хъæуы: Ау, ды куыд нæ (уыныс дæхæдæг, Ныр хинæй чи цæуы дæуыл? Чи — хистæр, чи та дын — æмгар, Чи — рыст, чи фервæссыд йæхиуыл. У афон, базон æй, æмбар, Дæуæн ныр де ’цæг æмбал чи у!» Ныр дæр ма скъоладзау куы дæн, Цæуын мæ раст фæидагыл дарддæр. Фæлæ мæ рæдыдтæ мæнæн Куы кæнынц къаддæрæй ныр къаддæр. 1963
МÆ ГОБАН АРШ ФÆЛМ/ЁН К/ЁРДÆГ’ У Фæзынд хæххон дымгæ, цæрдæг у, Æваст мын амарзта мæ раз, Мæ гобан арф фæлмæн кæрдæг у, Ысты мæ къухтæ та мæ баз. Кæнын хъуыдытæ уалдзæг, сæрдыл,— Æппæт мæ фарсмæ дары цъæх... Антей лæууы мæнæн мæ зæрдыл,— Тых-иу ын зæхх лæвæрдта, зæхх!.. Куы фæци йе схæссæгæй хицæн, Иæ хурх ын балвæста уæд знаг, Зæгъын æз хинымæр мæхицæн: «Рох ма кæн, о, Иры бæстаг!..» Кæсын æз, тынгдæр мысын абон Ам мæнæ фыдæлтæн сæ тох... Мæ цуры — аргъаугæнæг суадон, Мæ сыхаг— а сау айнæг хох... Æрфæндыд мах батавын хуры,— Дзæбæх йæ хæтæнты хæты. Мæ сыхаг истытæ нæ дзуры — Мæнмæ йæ байхъусын фæнды... Кæддæр ам саунæмыгдзуан кодтон, Мæцкъуы дæр ацы ран у зад... Хъæрæй мын азары дыгоппон, Цæмæй æз мауал’уон фæллад...
Мæ фарсмæ цавæр хъоппæг разад,— Кæй фæндид уый цурæй цæуын? Ныхасæй хъал суадоны бафсад... Æрмæст цæуыл дзуры, цæуыл? Кæнын æз хъал суадонæн арфæ,— Йæ дон хъару дæтты лæгæн. Кæд мын уый афтæ зæгъы, афтæ: «Дæуæн æз рохгæнгæ нæ дæн. Ныууагътай а хæхты дæ фæстæ, Сæ уындæй уыдонæн æфсæд. Рох ма кæн диссаджы уæлвæзтæ, Дæ дзыцца ам кæд у ныгæд». Зæгъы мын рог руадон цыбырæй: «Куыд цæрыс, уый-ма мын ныр зæгъ?.. Дæ фыд дæр уалдзыгон дзывырæй Фæлдæхта ацы ран хуырзæхх». Хуыссын хъуыдыгæнгæ мæ зæххыл, Зыны мæм мигъты дзуг ныр дæр. «Нæ, нæ,— нæ суадонæн куы зæгъын,— Цы (уарзон а зæххæй фылдæр? Æз мæнæ а уæлвæзты рæзтæн, Æз дæлæ уым тахтæн бæхыл. Æз ам уæд нал цæуин æрмæстдæр, / Кæд искуы нал цæуон зæххыл...» 79
БУЛÆМÆРГЪЫ ЗАРДЖЫТÆ Кастæн абон Сау денджызы «барджытæм»,- Радгай уыдон сур зæхмæ К|уы бырстой... Хъуыстон абон булæмæргъы зарджытæм, Хъуыстой мемæ ме ’мбæлттæ дæр, хъуыстой... О, куыднæ уыд зæрдæйæн æхсызгон та, «Азар, азар!»— алчидæр куы загъта... Зарæг уайтагъд хистæры ысног кодта, Базыртæ нæ кæстæрыл ныссагъта... Зарæг, зарæг, о цæйбæрц æй бауарзтон! Бон, æхсæв мæнæн мæ хъустыл уайы... «Ды кæй фæзмыс?» — булæмæргъы бафарстон. Радта дзуапп мæнæн цыма: «Къостайы!» 90
ХОХЫ ЦЪУППЫЛ Уыди мын схизын хохы цъупмæ зын, Хъæу далæ рагъыл баззади мæ фæстæ. Æз хохы цъуппæй цалæм хатт кæсын Ирыстонмæ — йæ арф кæмттæм, йæ фæзтæм. Зыны мæ фале арф миты хъæпæн, Зынынц мæ сæрмæ урс тæнæг æврæгътæ. Иæ быдыр Ирæн — хъарм армытъæпæн, Æнгуылдзтау та зынынц мæнмæ йæ хæхтæ. Дон фахсы коммæ фалæты бырсы,- Æфсæст нæма у йе ’нусон хъæзтытæй. Хуыссы æнцад нæ цъити дæр, хуыссы, Цыма сывæллон авдæны бæстытæй. Æрцыдтæн хохмæ абон дæр тыхгур,— Ныккаст мæм амонд урс хæхты рæбынтæй... Нырма нæма схызт ме ’мбæрц уартæ хур, Нæма бафсæсти дун-дуне йæ уындæй!.. Кæны мæ цурæй гоппонцъиу пæррæст, «Цæуыл зарыс, кæмæн зарыс?»—фæрсын æй. Лæууын, кæсын... Фæлæ уæддæр мæ цæст Нæ Ирмæ абон не ’фсæды кæсынæй... Зæгъын мæхицæн: «Кæс нæ Ирмæ, кæс, Йæ коймæ айрæз,— нал цæры мæгуырæй!» Мæ сæрмæ зилы мигъты цур цæргæс, Цæмæй æз коммæ ма фæтæхон былæй!.. 6 Æпзæрст уацмыстæ. II т. $]
Хæссын мæ цæст Ирыстоны кæмттыл, Кæнын æз аргъ нæ хох, нæ фæз, нæ донæн. Кæсын... Салам нæ сыхæгтæн дæттын: Мæхъæлонæн, балхъайрагæн, кæсгонæн!.. 1970
НÆ ТÆРСЫНЦ кÆХТÆ А РАЙСОМ ЦÆСТДЗЫДÆИ Нæ тæрсынц хæхтæ а райсом цæстдзыдæй, Æз дæр нæ кæнын уыдонмæ мæсты!— Разы сты хæхтæ дымгæты хъæзтытæй, Тæхынмæ хъавынц,— базырджынтæ сты! Фæсырдта дардмæ хурзæрин сæ фыдбон, Фæхаста уад фæсденджызтæм сæ маст!— «Кæс, адæймаг!— Зæгъынц нын цыма уыдон,— Æвгъау нæ кæнæм мах дæуæн нæ каст!.. Нæ кæнынц хъаст сæ фадатæй, сæ цардæй,— Сæ цæрæг абон амондджын куы ссис!— Сæхи ныхсадтой дысоны къæвдатæй, Цæмæй фæндаггон дис кæна ныр, дис! Тæхы цæргæс æвæлладæй сæ сæрты, Ыссыгъта Терк нæ къæдзæхыл йæ зынг, Хъазыбег растад, ис хæрын йæ зæрды,— Æррæвдз кодта йæ фидар хох,— йæ фынг. Кæны æппæты хъусын Терк йæ хъæрмæ, «Уый цард хæссы!» — нæ фиййæуттæ зæгъынц... Æрмæст цæмæ, цæмæ кæсой æнхъæлмæ Нæ хæхтæ ныр, куыд æрæгмж тæхынц?
К0ЛХ030Н СÆРДАР Алæгаты Темырбийæн Колхозон сæрдаримæ, Хорз æмбал Дзандаримæ Быдыры цæуын... Дзурæм хорыл, фосыл дæр, Ноджы бирæ хосыл дæр, Райгуырæн хъæуыл... Зæхх, дам, дары не ’ппæты,— Дзуры мын æцæг, Бакæсын æм,— не ’фсæды Зæххы уындæй лæг. Уый бæрæг йæ куыст дары... Даргъ уæрæх фæзы Сау зæхмæ æрæвналы, Сау мæрмæ кæсы... Ма, дам, хъаст кæ наронæй,— Нал у тыхст, фæллад. Хъуамæ абон фаронæй Уа фылдæр бæркад! «Ницы сты сызгъæринтæ!— Дзуры мын,— фæлтау Ардыгæй нæ кæритæ Арттивæнт хæхтау! Далæ уым нæ харбызтæ, Уартæ уым нæ гæн,
Гогызтæ, нæ бабызтæ Цард дæттынц лæгæн!» «Хъус-ма ардæм,— дзуры мын,— Дйссаг у нæ зæхх!— Сау бæгæны дурыны Сфидауы дзæбæх!..» Февнал, мæ хур, ма, дам, бад,— «Ницы ис лæвар! Уа тыхджын нæ паддзахад!» — Дзуры мын Дзандар. Уалæ хæхты миттæ дæр Уадз, сæ дон дæттой! Хоры уæзæй хидтæ дæр Уадз æмæ сæттой!.. Уартæ хур йæ сынтæгæй Афоныл ысхызт, 1 Хъаст кæны æгуыст лæгæй, Ма, дам, у æгуыст! Уайы дон нæ хæдрæзты Даргъ æмæ уæрæх фæзты, Дз|уры нæм цыдæр,— Хъус, дам, ма ды дæр... Дзуры дон, кæй уыдзæни Фæзты тыллæг зад, Дзуры нын, кæй уындзæни Адæймаг бæркад! Хъарм донæй æфсæст быдыр Рафауинаг нæу!— Ахъазы нæ цæстытыл Бур-бурид мæнæу!.. 1971 85
СТАВД НЛРТХОР Зæхмæ уисау тасын... Чи уарзы мæ бæрц Ставд нартхорæн ласын Афоныл йæ кæрц? Бацыдтæн ыл дисы: «Ахæм хъуамæ нæй!» Адæммæ йæ ’вдисын: «Ракæсут-ма, цæй!» Тæскъмæ йæ ныппарын, Худгæ йæм кæсын, Зарæг ыл ныззарын — Айсафы мæ зын! Бакуыстон,— фæрæдау Ме ’схæссæг — мæ зæхх. Урс-урсид дæндæгтау Гагатæн — сæ рæгъ. Ме ’мбæлмæ дæр сидын: «Кæн дæ куыст æххæст!» Нартхоры кæритыл Нал æххæссы цæст!
ÆФСИР ÆМÆ СУАДОН Хъазы не ’фсир, хъазы,— Х|урмæ йын — æнцон. Бирæ, бирæ уарзы Ануазын уый дон. Радынджыр фырцинæй,— И’ авналæнтæ—фаг!— Чи зæгъид æфсирæй, Нæй, дам, ын æвзаг? Суадонæн йæ цуры Хъазы уый фæрнæй, Æмæ йæм ныдздзуры: «Бузныг дæн дæуæй!» 1958
КЪАБУСКА Атыппыр йæ рады, Бакæс-ма йæм ды,— Урс хъаз цыма бады Йе ’йчытыл къ)уыртты. Хорз истытæ хордта Быдыры хæрзаг... Цал къабæйы скодта?— «Фондз ын нал у фаг. Уæртæ йæ нæ баба Арæхстгай хæссы,— Ку ’аскъуийа йæ къаба, Уымæй йын тæрсы!..» 1957
ХАЛОН Стыр хицау цыма уыд, абон Терчы фале фæзы Рацу-бацу кодта халон Сау-сауид пæлæзы. Систон дур, фæтарст мæ дурæй, Атахт хъæдырдæм мæ цурæй,— Хицау ам æз кæд дæн Утæппæт бæркæдтæн. 1965 89
ШАХТЕРЫ ЗАРÆГ Бæрзонд къæдзæх — мæ уарзон ном, Йæ хæзнатæ та — мин. Мæ Садонгом, мæ Садонгом — Мæ хохбæстæ, мæ цин! Мæ ныййарæг дæ,— дзурон æй,— Æз та дæуæн — дæ фырт. Фæуайын мæнæ Буронæй Мæ Садонгоммæ цырд. Ам амондыл куы фембæлдтæн,— Фæкусын дзы фæрнæй. «Уæ фæндаг раст |уа!» — ме ’мбæлттæн Фæзæгъын æз хъæрæй. Фæбадын æз æнкъардæй дæр, Куы вæййын дард дæуæй! Фæлæ фæуынын дардæй дæр Дæ хох, дæ хур, дæ мæй. Хæххон суадонæй ануазын,— Цæуа хуыздæр мæ куыст. Æз ам æндонæй аразын Фыдыбæстæн фæлыст. 1959
МÆ ШЫДЫ КУЫСТЫТ/Е Мæ фыд-иу сæрдыгон куыд райста Нæ хохы йæ къухмæ цæвæг, Æмæ-иу уыгæрдæн куыд даста, Мæнау уый кæмæн у бæрæг? Нæ дзырдта: «Æндæртæй хуыздæр дæн!» Нæ йæ ’вдæлди, хурмæ-иу скаст.., Уыдис-иу нæ уæрæх уыгæрдæн Иæ февнæлды руаджы хæрздаст. Лæг дис кодта уымæн йæ уисыл, Уæрæх уыд, рæсугъд æмæ даргъ... Уæд дуртæ куыд æвæрдта сисыл!— Х(уыдта-иу йæ рæстæг зынаргъ. Уыдтон æз, мæ фыд-иу куыд батыхст, Куынæ уыдис хорз дуртæ, змис!.. Æмæ стыр зæхх цал хатты барызт?— Нæ ракалд мæ фыдæн йæ сис! Нæ цæхæрадоны-иу хъилтæ Куыд рæсугъд ныссагъта кæннод! Куыд хорз-иу ысбыдта мæхъитæ!— Нæ рох кæнынц абон дæр Ход. Куыдфæндыйы цæстæй нæ касти Хъ^уыддагмæ, йæ куыстмæ Бæппу — Иæ рæстæгæн сæфынæй тарсти!.. «Гъей, фезмæл-ма тагъддæр, лæппу!» "^
Йаэ ныхас мæм абон дæр хъуысы: «Дæ бакуыст зæрдæмæ цæуæд!» Мæ фыды куыстытæ фæмысып, Мæ зарæг куы фæфыссын, уæд! 1957 92
ЦÆЛХЫТÆ Куы фæкæнынц митыл хæххытæ, Рыгыл дæр,— сæ нæмттæ фыссынц... Цæлхытæ, цæлхытæ, цæлхытæ — Тæхынц, цыма махыл тыхсынц. Уый цæлхытæй рæстæг фæдомы, Рæстæггай сæм уый кæны загъд,— Сыф-сыфгæнгæ бауайынц комы, Фæцæйтæхынц быдыры тагъд. Фæуайынц уырдыгмæ, тæссармæ, Фæуайынц фылдæр хатт æмраст... Фæуайынц хæдзарæй-хæдзармæ, Кæм вæййы ыстыр куывд, чындзхаст... Цъыфдзаст æмæ дурæй нæ тæрсынц,— Фæхъæуы сæ фидын сæ хæс!.. Фæзилæны хатгай ысхъæрзынц,— Æруадзынц сыл адæм сæ уæз!.. Куы вæййынц хæрды дæр уæндæгтæ, Нæ хохæн йæ цъупмæ тырнынц... Сæ уæрæх, сæ нарæг фæндæгтæ Рæтты хуызæн арвмæ зынынц... Цалх цалхы фæуадзы йæ фæстæ, Кæнынц цыма ерыс æдзух! Кæнынц цыма зæххæн ныхæстæ: «Кæнæм мах дæ пайдайæн дугъ!»
Уый арф комæй хъуысынц цæлхъытæ, Уый сау къæдзæх донмæ ныккалд!.. Кæнут зыррытт, фидар цæлхытæ,— Кæна рæсугъд, фидар нæ цард!!! 94
1961 АЗЫ УАЛДЗÆГ Мæ цалæм уалдзæг руры Нæ быдыртæй хъызт бон?— Мæ цалæм уалдзæг дзуры: «Мæ фенд дын уæд æнцон!» Мæ цалæм уалдзæг фиды Нæ сомбонæн йæ хæс? Мæ цалæм уалдзæг сиды: «Мæнимæ иумæ рæз!» Мæ ныхæстæй кæй сайынц, Ис уалдзæджытæн рад!— Мæхинымæр нымайынц: «Аз азы фæдыл уад!..» Æмбалы-иу куы сырдтон: «Æрлæ(уу, æрлæуу, æрлæуу!» Цъæх дидинæг куы тыдтон, Ныр уыцы уалдзæг нæу! Цъæх денджызмæ фæласта Мæ саби-бонтæ дон. Налат дымгæ ныммарзта Мæ къахвæдтæ бынтон! Нанамæ-иу куы дзырдтон: «Æри мын цæй, къæбæр!» Æххормагæй куы куыдтон, Уыд ахæм аз кæддæр...
Нæ дæи æз тыхст, æпкъард дæр,— Мæнæн дæ фенд — æнцон. Мæ ныры уалдзæг, къаддæр Нæ уарзын æз дæ дон. Дæ хъарм бонтæ, дæ фидыц, Дæ хъал дæттæн сæ дзырд, Дæ цырд къæвдатæ сидынц, Æз дæр куыд тяусон цырд! 1 5-1 У-1961 '96
ХОХ ДÆР ХОХЫЛ ÆМБÆЛЫ Ивгъуыд дугтæ мысы Рагъыл уый гæнах... Хохæй, комæй хъуысы Гуыпп æмæ гæрах. * Хохимæ цы рахыл?— Чи йæ дары хъыг?— Мигъы бæсты рагъыл Мигъау сбадти рыг! Дур дæр ма æруары!— Цавæрдæр бындзау Хохы риуы зары Бон, æхсæв бырау. Й’ алы къуым нæ комæн Стыр хæзнатæй — дзаг... Дур нæ дæтты донæн Денджызмæ фæндаг. «Циу уый?» — бацыд дисы Фидар хох Хъæриу. Зæхх нынкъуысы, сриссы Къæдзæхæн йæ риу! Циу зæронд,— фæмæлы, Циу æвзонг,—цæры. Хохыл хох æмбæлы, Зæхх дæр-и(у нæры! 1958 7 Æвзæрст уацмыстæ. II т.
КАФЫ НÆ ШИЙЙАУ Ерысæй зарынц Арф кæмтты дæттæ. Тигътæм æппарынц Мигътæ нымæттæ., Иу хох ныццыбыр,— Стыр хох — йæ разы. Бæлас ныггуыбыр,— Уазал дон нуазы. Суадон нæ сысы,— Хъал у, æнæмаст. Нард зымæн хъуысы Хохæй йæ цъæхахст!.. Чи йæ хъыгдары? Чи йæ фæсуры? Хох ын цы ’мбары,— Ницы мæм дзуры!.. Нæзыты къохæй Хъал цъиу ныззарЫ... Дон йæхи хохæй Коммæ ныппары. Хъæддзау йæ сугтæ Къулы фæласы, Фиййау йæ дзугтæ Аскъæрдта фахсы...
Скафы нæ фиййау, Зары, æрцæгъды, Нæй цыма уыйау Амондджын хæхты. Хъазаг уæрыккæн Армæй цæхх дары. Кафаг сæныккæн Зарджытæ зары. Нард фыр ныккасти Фиййаумæ джихæй... Цæу æм фæрасти Комкоммæ тигъæй. Цæуы фарс радымст Донæй, кæрдæгæй. Хауæнмæ бахызт Хъал сæгъ цæрдæгæй.
АВДАЗОН Авд комы. Авд хохау — Авдазон, Тагъд уайаг рæстæг, æгъатыр. Хъуамæ, дам, цардæй æз ма хъазон, Хъуамæ Фыдыбæстæн ахъаз уон,— Дзуры йæхицæн хъæбатыр. Иумæйаг— мах зынтæ, мах цинтæ. Хохæн — фæтæн риутæ, ставд синтæ, Уый цъ^уппыл — мйттæ — хъæпæнтæ. Стыр хохмæ афæдзтæ — асинтæ, Асинтæн бонтæ — къæпхæнтæ. Ие ’вдисæн хорз куыст — нæ къахистæн... Стыр хъару уыцы лæг равдисдзæн, Арфæтæ уымæн кæндзысты, Авд хохыл уыцы гуырд ахиздзæн, Чи судза артау йæ куысты! 1961
МÆ ХЪУЫДДÆГТÆ Мæ уатæй фестадтæн æз раджы,— Минуттæ сæфынæй тæрсынц! Ыссæдз ыскæнинаг хъуыддаджы Мæнмæ фæйнæрдыгæй кæсынц: «Дæхи ды махæй иуварс ма лас!— Ды мах æххæст кæнын фæраз!» — Мæн уал, мæн уал, мæн, дам, уал, сараз! Кæнынц æнæрынцой ныхас. «Фæхæцут иучысыл уæхиуыл!— Зæгъын сын æз,— нæ хъæуы хæст!» Æз сæ фæрсын: «Сæйрагдæр чи (у?— Кæнон уал раздæр уый æххæст!» 1962
МÆ ЗÆРДÆ Нæ быдыртæ, нæ хæхтæ Мæ зæрдæйы цæуынц! Нæ’ ком, нæ дон, нæ рæгътæ Мæ зæрдæйы хъæуынц! Мæ зæрдæйæн ис «дзуар» дæр, Фыдыбæстæ — йæ ном. Ис уымæн фидар дуар дæр, Нæу алкæмæн уый гом! Фæцæ)уы йæм мæ кæстæр,— Сæрæн у уый, уæндаг! Æмбалæн ис æрмæстдæр Мæ зæрдæмæ фæндаг! Цæй дзæхст-дзæхст мæм фæхъуысы?— Мæ зæрдæ нæу æгуыст! Йæ пиллон арт нæ хуыссы, Мæ рог буар дзы ныхсыст! Фæкусы ма нæ завод Мæ зæрдæйау нывыл, /" Æппæлынæй мын ма фод,— Иæ хъару пæу чысыл. Æнад ын у æнæгъдау!.. Кæйдæрты сау зæрдæтау Нæу, нæу, ’мæ зæрдæ сау! Уæд хуыст йæ зынг фæлтау! 102
БÆРÆЧЕТДЖЫН ÆШСИН Уынæм рæвдауæджы, нæ мады, Кæнæм ын кад, Кæнæм ыл цин!— Кæсут æм, иу ран ма кæм бады Цæрдæг, бæрæчетджын æфсин! Иæ куыстмæ бирæгъау лæбуры, Иæ уæргътæ стыр арсау хæссы!— Иæ цурæй магусаты суры,— Иæ бонæн сæфынæй тæрсы. Ныртæккæ иу ранмæ фæуайы, Æрдæбон иннæ ран уыд цырд,— Æвналы, архайы, æфснайы — «Бон хорз у!» — фехъуысы йæ дзырд. Дыргътæ йæ зад дыргъдæтты тоны, Ныууигъы хъарм къухтæй бæлас!— Иæ хортæ нал цæуынц (уæрдоны, Хæдтулгæты, дам, уыдон лас! Кæсут-ма, аразы йæ хъуыддаг Сæрæн ус,—амæндтæ хæссæг. Колхозон — не ’фсинæн йæ мыггаг, Иæ ном та не ’фсинæн — Фæззæг. Ю-Х1-1960
КÆСТÆРТÆ ХИСТÆРÆН Кæстæртæ хистæрæн дзаг нуазæн бахастой,— С’ алчидæр уымæй зæрдæхудтæй тарсти... «Дзур нын, цы дæ хъæуы?» — Афтæ йæ бафарстой. Хистæр хъ|уыдыгæнгæ зæхмæ ныккасти... «Курын уæ иу хорзæх, иу хъуыддаг,— Загъта сын,— Зонут æй тынг хорз, бæрæг у мæ кастæй, Зæхмæ кæддæрау æз нал тасын, нал тасын, Курын уæ, аппарут цасдæр мæ азтæй! Мæнæ нæ кæстæртæн Алыбон ахъаз [уон, Амæлон уыдонæн тохы сæ бæсты!— Акусон быдырты, Артбæхыл ахъазон,— Кайыстæн уынджы ныттæхон сæ рæзты!»
МÆ ЦАРДЫ ТЫХХÆЙ Хæссынц мæхицæн зиан мæ раныхас, мæ куыст, Кæнынц æххуыс, æвæццæгæн, æндæрæн... Кæмæндæр хъуамæ ахъаз у мæ рыст,— Мæхæдæг хатгай нал вæййын мæ сæрæн!.. Нæ кæнын рох, к|уыд бахордтон æз ард. ’ Мæ къух мын райста, бузныг, зæгъгæ, чидæр... Æндæрæн æз куынæ дæттон мæ цард. Цæмæн хъæуы, цæмæн, уæд уый мæхи дæр! 15-Х1-7 0 105
РАЙСОМÆЙ РАГАЦАУ Дард бæсты бирæ нæ фæразын... «Байриай, мæ хъæубæстæ!» — загътон — Ахъæбыс кодтон дæ бæласæн,— Уый æз мæхæдæг ныссагътон. Иу дæр нæма сыстад адæмæй, Ничи цыд быдырмæ, хъæдмæ,— Æхсæвæй бон гуырдис, афтæмæй Бахызтæн уынгæй нæ кæртмæ. Бырæттыл пиллон арт бандзæрстон Сисы цур,— уадз æмæ судзой! Стыр кæртæй къорд дуры аппæрстон,— Уадз, мæнæй цæуджытæ сбуц уой! Иу ран мæ бадын куыд бафæнда?— Хъуамæ куыд уон æз æнæмæт?— Ставд тулдз бæласы лыггагæн та Афардæг йе ’рхы мæ фæрæт... Зæрдæ фæногдæр, фæхъæлдзæгдæр, Зæрдæйы раздæр фæбон и. Æмæ нæ рухс кæрт йæхæдæг дæр Уайтæккæ фендæрхуызон и. Бахудти хурзæрин уалынмæ, Бахъарм дæн уый цæстæнгасæй. Бавнæлдта булæмæргъ зарынмæ Кæртæй, мæхи сагъд бæласæй. 8-У1П—5 6
УАЛДЗÆДЖЫ КУЫСТЫТ/Ё Æрцарæзта зымæг Иæ миттæй хъæпæнтæ. Æрыхгæдта уыйбæрц Хæрзаив тъæпæнтæ. Куы байтыдта мигътæ Хæцъилтау йæ тигътыл. Иæ мæсгуытæ уайтагъд Æрцамадта ихтыл. Æрцарæзта ноджы Дæвдæг ихæй мустæ. Ыссырх кодта уазал Бæлццонæн йæ рустæ. Фæлæ кæд хъызт зымæг Дзæгъæлы фæкуыста,— Рæсугъд уалдзæг махмæ Иæ хъару куы ’вдыста. «Цæй, фенон,— куы загъта,— Мæ уарзон тъæпæнтæ. Цы фесты нæ зымæджы Бирæ хъæпæнтæ?» Иæ мæсыг ныккалди, Иæ мус фестад арф дон. Фæлыгъди кæдæмдæр Æгъатыр хъызтафон.
Æз уалдзæгæн уарзын Йæ бахудт, йæ бакуыст. Нæ быДыр — цъæх-цъ&хид, У арв дæр ц-Ьæх ахуырст. 108
ЛЁЗ-САДОЙНАГ КУСÆГ Арын дзы Бесолты Никъалайы ном Æз — садойнаг кусæг, Никъала — мæ ном. Мæ хъуыддаг нæу сусæг, Цытджын у мæ ком. Фæхуыздæр и, фендæр. Нæ зæгъынц мæнгæн: «Уæ комæн йæ фенд дæр Тых дæтты лæгæн!» Цызæгъон мæ зæххæй?— Цæрынæн бæззы! Мæ .хур мæм къæдзæхæй,— Хæзнатæй кæсы! Мæ Садон — хæзнадон, Мæ к)уыстыл — мæ дзырд. Кæс, фескъæфы вагон Мæ лæвæрттæ цырд. Фæкæсын йæ фæстæ Сæрыстырæй æз, Фæзæгъын: «Мæ бæстæ, Рæз ноджыдæр, рæз! Куы нын уай ды бонджын, Хъаруджын куы уай, Уæд махæн дæр стонджы Нæ уыдзæн, гъай-гъай!» 109
Мæ хъару, мæ каД Дæ|э — Мæ цинк æмæ зды! Уæд кæнын æнкъард дæр, Куынæ уон куысты! Æз никæмæ ’взидын Æрвылбон гæрзтæй!— Æз адæмтæм сидын: «Цы кæнæм хæстæй!» Ызнæгтæн сæ сæртæ К)уы кусиккой фаг,— Уыниккой,— мæ зæрдæ Кæй нæ у тæрсаг!.. Фыдыбæстæ исдзæн Лæвæрттæ мæнæй!— Рæхджы коммунизмæн Æнæфенгæ нæй!
МÆ Ф/ЕНДАГ Хур йæ зынг буар митты найы, Нал ын кæны уæлдæф фаг... Хох — сæрыстыр... Уайы, уайы Хæхтæн се ’хсæны фæндаг. Йе ’суайæнтæ сты уæлвæзтæ, Кæм æмраст у, кæм дыдагъ, Амбæхсы йæ хох йæ фæстæ, Равдисы йæ коммæ рагъ. Бауад уалæ иуран къохыл, Коммæ стыр былæй ныууад, Арф комæй та стахти хохыл, Акæс, нæу уæддæр фæллад. Кæм уæрæх у, кæм хæрзнарæг Даргъ, æнæкæрон фæндаг... Схой дæ бæхы, марадз, барæг,— Баййаф-ма йæ, у уæндаг! Атæх хæхтыл, бассæнд доны, Бафæзм нарты сахъ бæлццоны, Адæм де ’сгуыхтмæ бæллой! Ракæс ардæм, фен, куыд хоны Мах йæ бæрзæндтæм фæллой.
ТАГЪДДÆР УАЙ, РÆСТÆГ Иуæй-иумæ царды сидт нæ хъуысы, Иуæй-иу æгæр бирæ фæхуыссы, Дымгæтæм нæ фæдары йæ риу!.. Иуæй-иу нынкъард вæййы, фæтыхсы: «Ахауд та мæ царды бонтæй иу!» Рæстæгæй мæхæдæг та фæкурын: «Тагъддæр уай,— нæ фæндаг махæн — дард!» — Цин фæкæнын алы изæр, дзурын: «Ноджы та фæфылдæр и мæ цард!» Къухтæ дарын мах, ме ’мбал, нæ хъæуы Искæйтау нæ дзыппыты тъыстæй,— Ма уадзæм зæронды бон æрцæуын Зарæгæй, рæсугъд кафтæй, куыстæй! 112
ЦÆУЫН МÆ ЗÆХХЫЛ ХЪАЛÆЙ Цæуын мæ зæххыл хъалæй, Куыстмондагæй цæуын, Нæ йыл дæн цух æмбалæй, Хъæуын æй тынг, хъæуын. Фæлладæй йыл æрхуыссын, Кæннод мæ зæхх — мæ мад — Иæ хъарм фæлмæн хъæбысы Нæ ратдзæни бынат. Фыцы йæ дон, æнхъизы, Ныззары мын йæ маргъ... Ды ма сфæнд кæ йæ сисын,— Уæззау уыдзæн дæ уаргъ!— Фæлæ йыл кус æдыхстæй, Цæмæй нæм уа бæркад, Æмæ йын сис дæ куыстæй Бæрзонддæрмæ йæ кад. 1970 8 Æвзæрст уацмыстæ. II т.
УЫЙ УАЛДЗÆГ У, УАЛДЗÆГ Урс мигътæ, сау мигътæ — арвыл æмхæццæ... Хъал кæныс, ног кæныс, уалдзæг, ды мæн!.. Хъахъхъæ дæхи, зымæг,— Уалдзæг æрхæццæ, ,Уыимæ тынг рагæй не стут лымæн! Не ’фсæдынц быдыртæ, Хæхтæ йæ хъазтæй, Бамидæг тарф хъæдты, . кæмттæм ныккаст... Алыгъдис уазал йæ иунæг фæкастæй, Ноджы йæ лæудæй дæ цъæх их фæсаст. Уалдзæг у, уалдзæг, цæмæн кæныс джихтæ, Æви дæ цæстытæ н’ ахсынц йæ гæпп? Калы уæлхæдзарæй тагъдгай дæ ихтæ, Уайтæккæ зæххыл фæцæуы сæ тъæпп. Айхъус-ма, сиды дæм,— алидз, кæннод, дам, Хорз, нæу дæ уагæвæрд, нал дæ сæрæн! Мах та-иу не знæгты фидæрттæ кодтам Уый хуызæн тохты æнæвгъау дæрæн! 1958 114
МÆ ИРЫ ФÆСИбУЁД «Мæ Иры фæсивæд, дæ цинæй, дæ хъыгæй» Фæисын мæхицæн æз хай! Вæййын æз сæрыстыр, фæцæрын хъæздыгæй, Æнæзивæг кæд æмæ уай! Мæ зынаргъ кæстæртæ, уæ фæдыл фæкæсын,— Сæрæнгуырдтæм чи кæнид загъд?— Æвддæсаздзыд нал дæн, уæддæр ма фæрæзын Уæ койæ, уæ цинæй æз тагъд! Мæ риуы фæхæссын мæ рæзгæ кæстæрты,— Хæрзтæ ныр кæм арин сæ фаг! Æрмæст мын зын вæййы, куы фенын кæйдæрты Æвзæрæй, æгадæй, миййаг!.. Æз ахæмты уарзын, кæй цæфтæй нынкъуысы Æхсæвæй, (уæд бонæй къæдзæх! Æз ахæмтæй буц дæн, кæй зарæг фæхъуысы: «Уæд ноджы бæркадджындæр зæхх!» Тымыгътæй фæсвæдмæ Нæ фæлидзынц адон! Тæрсын сæ нæ фæкæны рыг! Сæ цинты, сæ рæсугъд хъæзтыты фæбадон, О, макуыуал фенон сæ хъыг! Мæ куыстмæ ныр дæр ма нæ фæкæнын зивæг, Рæвдз февналын, у мын хæс дæр! 115
Йæ Ф&рсык МæЛæ+æй,-^ Мæнæн ис хæдивæг, Æнхъæлцау, йæ буц ном — кæстæр! 1961 116
МÆ МАДмÆ Ме’ мбалмæ, мæ уарзонмæ, мæ мадмæ Бахъуыд мæн мæ хабæрттæ фыссын Далæ артæй рухс Ирмæ — Цæгатмæ, ., Æмæ раздæр байдыдтон тыхсын!.. Зæхх ныгъуылд цæхæр æмæ фæздæджы, Уыд ын, уыд, ыссудзынæй тæссаг! Мæн фыссынмæ уыцы фыдрæстæджы Не’ вдæлд, нæ, мæ рай^уырæн бæстаг! «Се’ ртæйæ кæмæ ныффыссон абон? Уарзондæр дзы чи вæййы лæгæн? Стыр æхсар ын чи дæтты зын афон? Рухс хурау æм чи схуды фæлмæн?..» Къорд ныхасы афыстон мæ мадмæ, Гæххæтты йын батыхтон мæ къам, Ме’ мбалæн, мæ уарзонæн дæр дардмæ Уый писмойы фервыстон салам. 1943
ПЛИТЫ ХЪÆВАТЫР ИССÆЙЫ ЗАРÆГ Иæ саулохыл хурмæ куыд фидыдта барæг! Кæдæм тахти барæг, цæмæ тахт, кæцæй?— Æмбæлттæ, хъæбатыр æфсæддоны зарæг, Сæрæнгуырды зарæг ныццæлхъ кæнæм, цæй! Нæ зарæг Ирыстонæй айхъуысæд дардмæ, Тых раттын æфсымæртæн бауæд йæ бон!— Салдаты бынатæй инæлары кадмæ Ысхизын хæххонæн нæ уыдис æнцон... Иссæ нын Ирыстонæй Хæцæнмæ араст,— Нæмгуытæ йæ алыварс кодтой æхситт!— Иæ сæрыхъуын уымæн æгæр тагъд фæхалас, - Иæхимæ йæм сау хæст æгæр тагъд фæсидт!.. . Фыдыбæстæ касти Иссæйæн йæ фæстæ, Кæддæра куыд фиды йæ хъæб,ул йæ хæс! Уæд немыцаг танкæн ныххоста йæ фæрстæ Йæ ехсæй: «Ам чи бады? Афон у,— слæс!..» Цы фæзты нæ тахти, цы дæттыл нæ хызти!— Уæддæр-иу йæ саулох нæ уыди фæллад!— Хинганы бæрзæндтæй Иссæйы дзырд хъуысти: «Хæстонтæ, Фыдыбæстæн скæнæм, цæй, кад!..» «Куыд мын цæрыс?»—фарста йæ хæстон æмбалы,— «Лæуу фидар!—дзырдта йын,— дæн демæ æз дæр!> Иæ риуыл ын Мангол æрцауыгътой стъалы, Дæ не ’фсымæр, загътой, æнæнизæй цæр! 118
Хъæбатыр дæ, загътой, бæрзонд хох нæ цæсты! Фæлæ Иссæ бахудт: «Хуымæтæг щы дæн!» Ис стъалытæ риуыл, ныр уыдон æртæ сты, Иу иннæйы фарсмæ фæкалы тæмæн. Лæвæрд ын æрцыдысты уыцы рæстæджы, Куы йын тарст æгъатыр мæлæтæй йæ мад! Нымадтон мæхæдæг æз уыдон æрæджы, Фæлæ мын нæ фесты æнцонтыл нымад!.. Советон бæхбарæг нæ кодта йæхи мæт,— Уæлахизмæ тахти йæ зынг бæхыл цырд! Йæ мад та Иссæйæн, Йæ зынаргъ Аминæт, Иæ фырмæтæй тади: «Цы ран уа мæ фырт?..»
МÆЛЫН МÆ НÆ ШÆНДЫ Мæлын .мæ нæ фæнды,— Нырма мын у раджы,— Ис бирæ фæцæрын мæ зæрды. Мæлæн мын куыдæй ис, Мæ мæлæты руаджы Кæд хизон мæлæтæй сæдæты! 1943 • 120
МИЛДЗЫХТЫ ХАДЗЫМЫРЗÆМÆ Дæ цæрæнбоны тыххæй исын Мæ къухмæ дзаг нуазæн, салдат! Æваст нæ Райгуырæн Цæдисыл Цæргæсау атахти дæ кад! Æваст нæ денджызтыл, нæ дæттыл Дæу тыххæй анæрыд нæ зард!— Нæ быдырты æмæ нæ кæмтты Æппæтæн сбæрæг и дæ цард! Цы рæвдыд бавзæрстай дæ мадæй, Дæуæн нæ фæцис уый хæрам,— Нæ Советон Ирыстон дардæй Йæ фыртæн фервыста салам! Елхоты хорз чызджытæ хъазты Фæмысынц алы афон дæу. Лæппуйы хорз хабар та азты Æппындæр ферохгæнгæ нæу! Æз дæр ам хайджын дæн дæ тыхæй, Мæнмæ дæр фехъуыстис дæ кой, Фæдзырдтон ме ’мбæлттæн дæу тыххæй, Æмæ дæ хи ’фсымæр хуыдтой... Иæ сонт ттуг къабæзты куы хъаза Цытджын æфсæддонæн дзæбæх, Æмæ йæ уарзонау куы уарза, Кæннод ныййарæгау йæ зæхх.
Лæг арты, фæздæджы хъæбысы Куы кæна адæмæн цæсгом, Уæд уымæн тынг бирæ æнтысы,— Хъайтар ын рахонынц йæ ном! Куыд дæ, мæ иубæстаг, цы ран дæ? Фæцæр мæ фæндиаг фæрнæй! Фæлæ-иу де ’мбæлттæн саламтæ Ратт ме ’мбæлттæй, гъестæй мæнæй!.. Куы фæуа карз хæст, Мигъты тармæ Куынæуал хъæуа мах кæсын, Уæд-иу Георгийы хæдзармæ Бæгæны нуазынмæ фæзын! Хуссары фронт, хъæу Мержановкæ, 194 2 122
МÆ Н/ЕМЫГ Мæ нæмыг куы фехстон,— Уæд акъоппы бадтæн. «Цы фæуа мæ нæмыг?— Мæ цæст æм куы дардтон». Иæ агурæг уымæн Иæ фæстæ фæуадтæн Æмæ йæ фашисты зæрдæйы куы ссардтон!.. 1943 123
МЕ ’ФСЫМÆР ЯШÆЙÆН Зæрдæ |уынгæг кæны, Зæрдæ куы баризы!— Фæлæ ды кæй тыххæй нал дæ, хæстон, Уыцы æрттивгæ, æмбисонд Уæлахизы Ал-хатт уындзынæн дæ райгæ цæсгом. 1945 124
ФÆДЗÆХСТ Ныффæдзæхстой мын Иры буц зæрæдтæ: «Цæуыс Мæск^уымæ махæй балцы ды.— Зæгъ-иу нæ хъуыды, Радзур-иу нæ фæндтæ... Ныр дæр ма искæй туг калын фæнды?» Нæй хин митæ фæллойгæнæг иронмæ,— Куысты, хъуыддаджы рафауинаг нæу!— Лæг-иу куы ’рыздæхт дард балцæй йæ коммæ, Ивылдысты йæм хъусынмæ йæ хъæу... Куы-иу уыд хъал, уæд ын йæ дзырд нæ уарзтой... Кæм ма-иу уыд йæ хабæрттæн фæуæн... «Æхца дæм цас и?» — Афтæ йæ нæ фарстой,— «Æмбæлттæ цас и,— фарстой йæ,— дæуæн?» Ныффæдзæхстой мын Иры сахъ фæсивæд: «Хъæрæй-иу райсом мах номæй дæр зæгъ: «Нæ дарæг хур у,— дунетæм æрттивæд! Кæнæд рæсугъддæр бонæй-бонмæ зæхх! Кæн-иу нæ номæй стыр Мæскуыйæн арфæ,— Æнæ уый махæн цард ыссарæн нæй!» — Ныффæдзæхстой мын мадæлтæ дæр афтæ: «Рох ма уæнт, ма, нæ сабитæ дæуæй!» Нæ кодтой хъаст нæ мадæлтæ сæ лæгтæй, Сæхицæй. «Ноджы кусдзыстæм!»'—’дзырдтой, Сæ сывæллæттæ худтысты сæ цæнгтæй, «Дæ фæндаг раст!» — сæ гуккытæ тылдтой.
ПОЭТ, ДÆ НЫХАС ЗÆГЪ ХЪÆБÆРÆЙ Поэт, дæ ныхас зæгъ хъæбæрæй, Æдыхст ды ацы бон куыд уай!— Дæ ныфс, дæ зæрдæйы цæхæрæй Кæн фаг æфсымæрæн дæр хай! Æрæвæр де стъолыл дæ гæххæтт,— Х|уым кæн дæ пъеройæ лæгау! Дæ ныхас Чилимæ фæтæхæд, Куыд тæхы космосмæ нæ нау! Æрæмыс Пушкины, Къостайы, Æрæмыс Байроны дæр ды, Йе Маяковскийы,— фæллайын Нæ збнынц ахæмтæ куысты! Куыд райста Сальвадор йæ гæрзтæ, Куыд раци уайтæккæ салдат, Куыд уарзта хорз хъæбул йæ бæстæ, Зæгъ уый тыххæй, æгъда^у ын ратт! Фыдтæ ма цас уромы сау зæхх,— Рæхджы нæ банцайдзæни тох! «Цы у мæ дзырд та!» — афтæ ма зæгъ,— Дзырдæй нырризы хатгай хох! Æмбар, æххуыс кæй у хал халæн,— Æвдис нæ цин æмæ нæ хъыг!— Дæ дзырд уæд стыр мæсыг æмбалæн! Уæд уый фыдгулæн та нæмыг!
Ыссар дæ ныхæсты хуыздæртæ,— Бæззой дын искæд бон цыртæн!— Æви нæ барысти дæ зæрдæ,— Уæд мадæн макуы сбæзз фыртæн! Хъæуы, поэт, дæ ныхас царды, Хъæуы хъуыддаг æмæ куысты!— Фæрс афтæ чилийаг салдаты: «Цæмæн дæ куырм?— Кæй марыс ды?» Фæлæ æдыхстæй зæхх нæ хуысдзæн,— Æрмынæг уый цæхæрæн нæй!— Нырриздзæн иухаттау, нынкъуысдзæн, Кæндзæни не знæгты бынæй1 Зæгъдзæни чилийаг æмбал дæр: «Сæ кæрон ауыдтон зынтæн!» — Уыдзысты Сальвадортæ цалдæр, Дыккаг Неруда дæр зындзæн!— Ныр та уал Чили ис фыдраны,— «Лæуу фидар!» — хъуысæд æм дæ хъæр. Æфсымæр Луис Корваланы Ныртæккæ бахъуыди нæ сæр! Сантьягойæ нæ Ирмæ хъуысы Кæуын, нæтын æмæ хъæрзын!— Мад къорд боны æнцад нæ хуыссы! Мæлæтæй ме ’мбæлттæн тæрсын!.. Змæл цырд, поэт, дæ рæстæг ма саф, Зын у дæ куыст,— дæ хæстæ фид!— Тæхуды, бал-бирæгътæм бахфв,— Мæрдтæм сæ радыгай æрвит!.. Хæст цæуы, хæст, поэт, дунетыл,— Хæстон дæ æмæ фидар лæуу! — Нæрæд дæ дзырд, кæннод поэтыл Нæ банымайдзынæн æз дæ|у!
ÆНУСОН ГОРЬКИЙ Нæ, н’ амард Горький! Ие стыр царды бонтæн Нæй, нæй кæрон æмæ кæны йæ куыст!.. Æсхудт æм хур сæумæрайсом. Бæрзондмæ Цытджын фыссæг йæ фæлгæсæнмæ схызт... Фæлгæсы Горький... Зæхх тæмæнтæ калы Фæллойгæнæджы стыр тыхы фæрцы... Иæ галиу къух йæ уæрæх дзыппы дары, Иæ рахизæй йæ лæдзæгыл хæцы. Фæлгæсы Горький... Адæмы сæрвæлтау Дæтты йæ хърру мах цытджын бæстаг. Иæ зæрдæ ссыгъта Данко дæр æнæвгъау, Цæмæй нырр(ухс уа адæмы фæндаг. Нæ зынаргъ Горький! Зарæм дын дæ зарæг Нæ хох æмæ нæ колхозон фæзы... Æгас дæ ды, æмæ фыдхæст æндзарæг Дæ кой æмæ дæ ныхасæй тæрсы. 128
ШОГА РУСТАВЕЛИМÆ Абашидзе Ираклийæн Ирыстонæй уайын фæсхохмæ Шотамæ,— Мæ гуырдзиаг æмбæлттæй кæд уыдтæн æз рох?— «Æрцу нæм!—фыссынц мæм,— ам немæ уай хъуамæ, Дæхи цæстæй фенай нæ цуыст æмæ тох!..» Поэтæн йæ заман мæ цæсты раз сыстад, Тамар-паддзах, ноджы йæ бахудт, йæ конд... Шота Руставели кæд царди, кæд фыста! Уæддæр уый нæ кæны йæ зæххыл зæронд!.. Кæнын æз хъуыдытæ: «Цы быдыры схъомыл, Цы хохы цур, абон дæр уый зонæг нæй!.. Цы бæрæг ис, уый кæд ам искуы нæ комы, Нæ рагъ’ыл æнустæм фæкæны фынæй!.. Æгас у, уый цастæм фæсидтис йæхимæ!— Нæ мæлгъæвзаг абон дæр фиды йæ хæс! Цæмæн æм фæцыдысты Йерусалиммæ,— Цæмæн ныууагътаид йæ хæхтæ, йæ фæз! Фæуайын, зынынц мæнмæ урс мигътæ арвæй, Æнусон Терк зары йæ зарæг мæнæн... Нæ мæм зыны урс хох Дайранæн йæ арфæй, Фæнды мæ йæ фенын, æрмæст нæй гæнæн... Цæвы Терк йæ къæдзæх, йæ дуртæн сæ фæрстæ, Æхсы сæ йæ донæй, нæма у æгъгъæд!.. Куы иу къæдзæх амбæхсы ам мæн йæ фæстæ, Куы иннæ, куыд зынон нæ урс хохмæ (уæд!.. 9 Æвзæрст уацмыстæ. II т. 129
Гуырдзыстонмæ уайын йæ зæххæй Къостайæн, Кæнын уымæн арфæ, хæссын æм х’абар... Фæлæ мæнæ райстон йæ чиныг Шотайæн, Кæсын æй, сындæггай фæлдахын йæ цъар... Рæсугъд Дареджаны хъæбатыр куыд уарзта Фылдæр уалæ хурæй, гъеуый мæ уырны!.. Иæ рухс бæрзæндтæм мæ поэзи фахаста, Чысыл дурау да-а-алæ Хъазыбег зыны!.. 1965 130
ШЕКСПИР Йæ райгуырæн бонæй рацыд 400 азы Мæ дугæй уыцы сау дуг адард, Фæтахти, раст цыма бæхыл. Шекспир кæд цард æмæ кæд амард!— Цæрынц ма яготæ зæххыл! Фæлæ нæй иу ран лæууæн цардæн,— Нæ зæххыл нал цæудзæн æвзæр. Иæ кой дæр нал уыдзæн мæнгардæн, Шекспир ма к|усдзæни уæддæр! 1966
СТАНЦÆ ВАЙНИККАЛА Ис Вайниккала, уым мæ хæлар финтæ*- Куы кодтой махыл ногуард митыл цинтæ. Кæрæдзи мах цэестæнгасæй æмбæрстам, Фæлмæн митæ кæрæдзиуыл æппæрстам: «Нæ хъæуы мах æппындæр сау хæст, тугкалд, Хуыздæр у уымæй а зæххыл рæсугъд цард!» «Фæкæс дæхимæ!— Худæг ныхас хъуысти,— Мæнæн дæр финтæм миты цæф нæ ’рысти». 1962 132
БАЙРОН-ПРОМЕТЕЙ Поэт, Прометейы куы бауарзтай тынг, Дæ зæрдæмæ айстай йæ тухи, йæ фыдбон. Уый адæмæн раскъæфта дард арвæй зынг, Куыд батавой артмæ сæхи дзæбæх уыдон. Сæрæн уыд, хъæбатыр, æхсарджын, ныфсхаст, Хуыдта уый кæйдæр рыст егъаудæр йæ рыстæй. Нæ ныббарстой уымæн хуыцæуттаэ* сæ маст, Къæдзæхмæ йæ фидар ныббастой рæхыстæй. ■ Æфтыдтой йæ зынмæ æгъатыртæ зын, Цæргæсæй, мæлæтæй йæ кодтой тæрсын. Цæргæс-иу æм батахт, тыдта йын йæ игæр, Æрмæст |уый йæ сæрмæ нæ хаста хъæрзын, Ныфсджын уыд,— уырныдта хуыцауæн йæхи дæр. Уыдтæ Прометейау нæ зæххыл ды дæр,— Дæу уый тыххæй уарзæм нæхицæй фылдæр. 1963
САХЪ ЛÆППУ-ЮРИЙ ГАГАРИН (Зарæг) Чи разынд хохаг цæргæсау уæндаг, Бахъуыд нæ уый тыххæй зарын... Сæрæзта махæн уæлæрвтæм фæндаг Сахъ лæппу — Юрий Гагарин. Ахæм нырма уал нæ райгуырд зæххыл, Иуæн дæр уыйбæрц нæ бантыст! Абадти, раст цыма мæнæ бæхыл, Уыйау ракетæмæ бахызт. Хинымæр загъта: «Цæй, фидар фæлæуу,— Абон хæс дарыс æппæтæй! Ног цард кæм аразæм, уым тæссаг нæу Махæн, æмбæлттæ, мæлæтæй!» Фехъуыст уæларвæй фыццаг хатт ныхас: «Ма тæрсут, дæн æз æнæниз! Дæн æз уæхи руаджы абон æдас, Ме ’схæссæг адæм, мæ Цæдис!..» 1961
ХОХ МАШУКÆН Машук, æз дын ныр дæр нæ барын, Вæййын дæм абон дæр мæсты!— Цæмæн, цæмæн бауагътай марын Цæхæрцæст Лермонтовы ды! Цæуылнæ февзæрдысты мигътæ Дæ сæрмæ уыцы бон æваст?— Цæуылнæ ахгæдтой дæ тигътæ? Цæуылнæ акалдтой сæ маст? Куыд ныххæцыдтæ уый дæхиуыл Ды уыцы бахъуаджы сахат?— Дæ мигътæн саузæрдæйы риуы Цæуылнæ баныхсти сæ фат? Нæ уыдтæ уый æнхъæл, æндæр æй Æрхуыссын кодтаид дæ маст!— Мызтаид уымæн туг йæ сæрæй!— Хуыдтаиккой дæ адæм раст! Фæлæ зон, Лермонтов кæй цæры Ныр дæр!.. Йæ зарджытæ — йæ цырт! Дæ тар мигъ хаттæй-хатт куыд нæры, Ныннæры [уый хуызæн йæ дзырд!
ÆСУИНАГ ДОХТЫР Рæсугъд уалдзæг у ныр ацы уалдзæг — Нæ зæрдæрайæн, Дæу тыххæй зарын æз ацы зарæг, Æрбайхъус-ма йæм: «Куы фæцæйуайыс дæ цъæх къабайы Нæ институтæй, Уæд, базон-базон, кæй зæрдæ райы Дæ фæлмæн худтæй? Уæд даргъ асинтыл уый чи сцæйтæхы Æнæфæллайгæ?— «Дæ райсом хорз уа!» — уый чи фæзæгъы Æд чиныг (уайгæ? Зæрдæхъæлдзæгæй дæ кусæнуаты Ды — цардыл дзурæг... Куыд хорз фидауыс дæ (урс халаты, Мæ хуыссæг сурæг! Мæ цæхæрзæрдæ куыд нæ дæ иса, Фæзын мæм уæдæ. Ссар ахæм хостæ, куыннæуал рисса Лæппуйы зæрдæ». 136
ШАТИМÆ Мæ цæстытыл уайыс, Фатимæ, Мæ цæстытыл уайыс, мæ хур, Дæу мысгæйæ бадын нæхимæ Ныртæккæ мæ рудзынджы цур. Ныхъхъус ысты |урс хæхтæ, фæзтæ, Мæй арвыл æстылди сындæг. Æрфынæй нæ горæт, æрмæстдæр Мæн н’ ахсы ныртæккæ хуыссæг. Цъæх арвыл та ирд мæй фæрасти, Мæ зæрдæйæн — адджын йæ хъазт. Дæлæмæ мæм худгæ ныккасти, Цыма мын æмбары мæ уарзт. Дæ хуызæн у ахсæв, дæу хуызæн, Вæййыс ды дæр хатгай фæлурс. Ныффæдзæхсы райгæ хур уымæн, Куыд кæна дæ фæндæгтæ рухс. Ды бафæрсай хъуамæ, цы кæсы Ныртæккæ фæлурс хуызæй мæй? Мæ мæт кæны мæй дæр, фæтæрсы, Дæу ку ’атона исчи мæнæй!— Куы фидиккам царды хæс иумæ,— Нæ бон нын фылдæр цин хæссид; Куы цæрис мæнимæ, уæд-иу мæм Мæ рухс хур æхсæв дæр кæсид.
ЛÆППУ ХЪАЗТМÆ БАШТЫДИ... Лæппу хъазтмæ бафтыди,— Адзура йæ къаимæ... Лæппу хъазты скафыди Хурдзæсгом чызгаимæ... Й ’астæу (уисау тасыди, Зæрдæ йæм куыннæ хъаза!.. Æмæ чызгæн тас уыди,— Лæппуйы куы бауарза. Бауарзта йæ, бауарзта! Артзæрдæ йæ нал фарста, Бахудтис æм мидбылты, Хорз бамбæрста уый хъуыды. Кафынæй кæм ма ’фсæсти... Кафт фæци, уæд алыгъди, Чызджыты ’хсæн амбæхсти, Уым йæ уагыл нал уыди. 138
МÆ ХУРЫ*ХАЙ Мæ хуры хай дæу рахуыдтон, Нæ чызджыты хуыздæр! Уæ къæсæрæй æз бадзырдтон: «Дæу агурын ныр дæр!» Уæ хъæумæ дæр æз фæцыдтæн Æмбæлттимæ чызггур, Дæ къ^ухыл дæр æз хæцыдтæн Уæ даргъ бæласы цур... Дæ хистæр хомæ афыстон Мæ зæрдæйы фæндон... Дæ зæронд фыдмæ барвыстон Мæ минæвар æзнон. Дæ фыд мæ хъуыддаг бамбæрста: «Мæ чызгæй буц дæн, хъал, Мæ чызг сæрæн у, равзæрста Иæхицæн уый æмбал...» Æз загътон, æз, дæ мады цур: «Фæнды мæ, к’ уаин сиахс. Мæн тавы мæнæ ацы хур, Æмæ нæ ныхмæ мацы дзур, Нæ дыууæйы дæр уарз».
Æрц/ёг’ъд-мА Цы ма уа рæсугъддæр нæ уæрæх быдырæй? Нæ мæнæу фæбæрзонд æваст... Æрцæгъд нын, сæрæн чызг, дæ ирон фæндырæй,— Нæ рухс фæзы сырæза хъазт. Мæ зынаргъ æмбал дæ йæ амонд æсхуыдта, Дæуимæ цæрын æй фæнды... Лæмбынæг дæм хъусæм, лæпцуйы ном сдзырдта Ныртæккæ чызгайы фæндыр. Нæ лæппу дæ фæдыл фæкæсы, дæ фæдыл, Æдзух æй дæ мæт и, дæ мæт... Ды дæр уый фæмысыс, æндæр ма дæ фæндыр Æнæ зæрдæ исты зæгъæд... 140
УАРЗОНЫ ПИбМб Тæх, зынаргъ писмо, тæх, фæхæццæ йæн Ды мæ хабæрттæ се ’ппæт уарзонмæ, Мысдзæн, мысдзæни уый, æвæццæгæн, Мæн йæ рухс |уаты Иры афонмæ. Ратт мæ саламтæ уымæн, радзур ын, Ам æз алыбон уый кæй фæмысын, Царды ме ’мбалæн уый кæй агурын, Мемæ нæй, æмæ тынг кæй фæтыхсын. Не ’хсæн — стыр хæхтæ, не ’хсæн — стыр фæзтæ, Дзырд нæ фехъуысдзæн уырдæм ардыгæй. Уайгæ, ракæ йын тагъд мæ ныхæстæ, Ехх, куыд бафсæдин йемæ бадынæй. Тæх хæдтæхæджы! Уый æмбисбонмæ Райсдзæн дæу æмæ хорз æмбардзæни... Æз хæлæг кæнын ныр мæ писмомæ, Урс фæлмæн къухты уый кæй дардзæни!.. 141
Май Рахиз къухы дары Дидинæг чызгай. Цъиу хъæрæй ныззары: «Май, Май, Май!» Афæдзæн йæ фырттæ Иуæндæс куы сты — Хорз адæм, рæвдз гуырдтæ Арæхсынц куысты. Кад кæнынц фæллойæн, Цом, дам, размæ, цом!— Не ’фсымæрты хойæн Май хонынц йæ ном. Артау у йæ куысты, И’ алы змæлд — дзæбæх, Дзыккутæ цъæх ысты, Дарæс дæр у цъæх. Сау дарæс кæд дардта? Тар хуызæй кæд каст? Дзыккутæ ныхсадта* Сты йын иыр хæрзфаст. Мысæм æй æдзухдæр Мад, фыдæй, фыртæй,— Майæ нын рæсугъддæр Чызджыты ’хсæн нæй.
МÆДИ «Клянусь, красавица так&л Пдд солнцем юга не цввла!..» М. Ю. Лермонтов Мæ кæнгæ хо, Мæ хорз æмбал, мæ хæлар, Мæн уый тыххæй кæддæриддæр мæт и! Нана йæ чызгæн бахаста йæ лæвар Сæрдыгон иухатт — тынг хорз ном — Мæдя. Бæлæттау, хъазгæ, Атахтысты азтæ,— Сæрæн чызг раци уайтæккæ чындздзон. Мæ кæсæг, баууæнд,— Ахæммæ нæ кастæ! Нæу ахæмæн йæ рох кæнын æнцон! Куы фенай уый гуыр, аззайдзынæ сагъдау, Кæндзынæ дис: «Цы бæстаг уа? Кæмæй?» Кæнын æз сомы, Лермонтовы загъдау, Зæххыл нырма уал ахæм рæсугъд нæй! Нæ рæзтис ахæм Ацы бæсты рагæй, Æндæр дæхæдæг, «федтон æй», зæгъис. Рæсугъд к^уыстæй у Мах Мæди, хъуыддагæй,— Цæсгомæй ахæм, чи зоны ’мæ ис. Рæсугъдтæ ис,— Иринæ, йе Светланæ, Госæ, Азау, дæ зæрдыл-иу сæ дар.
Рæсугъд уыд, зондджын, Пушкины Татьянæ... Нæ ратдзæн иуæн хохаг Мæди бар. чМæскуыйы цардтæн, ноджы Ленинграды, Кæсæг, Балхъар, Тбилиси дæр уыдтон... Нæ кусы ахæм иунæг ран, нæ бады!— «Ныммæлæн ма уæдчуарзонæн!» — дзырдтон. Мæди сæрæн у, хъуамæ йæ куыд фауон! Нæ уаин раст, æз дурзæрдæ нæ дæн! * . Нæ кæны уый лæджы ^фыдгой фæсаууон, : Фæдзуры махæн.коодкоммæ нæ хъæн. Ис курджытæ нанайы цырд чызгайы, Сæ’иуы федтон а райсом æз дæр. Къуыдиппæн уый нæ бакомдзæни сайын, . - Уый н’ ахæсдзæн йæ къайагæн æвзæр! Ис усгуртæ,— хуымæтæджы нæ тыхсынц!— Мæди æрмæстдæр бакомдзæн лæгæн! . «Фæзмут Мæдийы!» — Алыбон нæ фыссынц Нæ газетты, нæ журналты мæнгæн! Ис усгуртæ, мах худæгæй фæмардтой,— Нæ Мæди хаста с’ алкæй куыстмæ фау! Мæди — рæсугъд, сæ кæрæдзи дзы ссардтой Гуырвидауц, зонд, егъау хъару, æгъдау. 1961
УСГУРЫ ЗАРÆГ Тæхуды, к’ уаид мын рæстæг, Уæд дæм зæрватыккау тæхин! * Тæхуды, к’ уаис мæм хæстæг, * Уæд дын мæ сусæг фæнд зæгъин! Æз уаин амондджын, бæргæ, Дæ дзырд куы фехъусин, миййаг. Тæхуды, иу уынд дæ фæкæ,— Мæлæт мын нал уаид тæссаг! Дæ фезмæлд уадау у цæрдæг, Нанайы хурдзæсгом чызгай! Дæ бакуыст хохау у бæрæг, Мæ фæндйаг мин азы цæрай! Дæ дыууæ цингæнаг цæсты Мæнæн кæд ме стъалытæ сты! Ды-иу куы бахудыс фæлмæн, Уæд уый та хур вæййы мæнæн. Нæ касти райгæ хур æзнон.— Ды уыдтæ, ’вæццæгæн, æнкъард! Ныр та æрттивы, хъазы бон,— Уынын, ды бахудтæ, мæ цард! Тæхуды, алы хатт, чызгай, У хайджын д’ алкæцы тыхстæй! Тæхуды, быдыры фæллай Дæ|уимæ иумæйаг куыстæй!.. 1949 10 Æвззерст уацмыстæ. \\ т, 145
ДÆ КЪАМ Дæ къам дын ме ’ннæ къамты цур Мæ къ(улыл сауыгътон дзæбæх, Мæнмæ кæд уымæй касти хур,— Уыдтон нæ урс хæхтæ, нæ зæхх... «Куыд цæуы афонмæ дæ куыст?— Æз фарстон уый æхсæв уа, бон... Кæд не ’мбарыс мæнæн мæ рыст!— Кæд ферох дæн дæуæй бынтон!» Дзырдтон-иу бирæтæн дæуæй: «Мæн мæнæ ацы чызг хъæуы!— Зæд арвыл нæй, æмбæлттæ, нæй,— Зæд мæнæ а зæххыл цæуы!..» Лæууыдтæн уыцы къамы цур,— Æваст-иу айсæфти мæ маст!— Нæ мыл ныгуылд æхсæв дæр хур,— Мæнмæ дæ диссаджы къам каст!.. Хуымæтæг дарæс (уыд дæуыл,— Дæ цæсты ничи уыди хъал! Нæ уарзтай хъалтимæ цæуын,— Уыди дын бонзонгæ æмбал!.. Дæ къамтæй уый уарзын фылдæр, Иæ уындæй нал вæййын фæллад... Нæ къулыл уыцы къам ныр дæр Куы ахсы къамты ’хсæн бынат...
Уый ничи бамбæхсдзæн мæнæй,— Мæ зæххыл цалынмæ цæрон!.. Æз уымæ бакæсын, цæмæй Ныр дæр ма (усгур лæппу уон!.. 147
&АЙ/ЁГ* Иуафон быдыры барæг Балцæй сæхимæ куы цыд, Фæндаг ын иу ран фæнарæг, Хизын æй арф доныл хъуыд. «Мæнæ мæ быдыр, мæ сау хох!— Барæгæн фехъуыст йæ дзырд,— Хъуамæ фæллад дæ, мæ саулох,— Баскъæф мæ арф доныл цырд! Ма-иу тæрс донæй, цæхæрæй, Тых дæуыл ма кæнæд уад!..» Са|у бæх дæр хъазыд йæ сæрæй, Сау бæх нæ уыди фæллад!.. Зиууæттæ быдыры карстой — Хъæлдзæг куыд нæ уыд сæ бон!— Дондзаутæ — чызджытæ — хастой Ведраты суадонæй дон: «Кæд æмæ йе ’рфыты донæн Бауайа сау бæх, уæд-иу Фод йæ’хай уыцы бæлццонæн Тагъдафон махæй нæ иу!— Кæд æмæ донæн йæ тæнæг Агура дугъон, уæд нын Уыцы æнамонд æвзæр лæг Скæндзæн нæ зæрдæтæн зын!»
Азæлы быдырь! Щ&^ Дымгæтæй фæндаг фæхус. •-; Ауыдта бæлæтты барæг,— Уайтагъд йаё зæрдæ фæрухс. Артбæхыл байдыдта хъазын Хохагæн’ мæнæ йæ фырт, Сау нымæтæн-иу йæ базыр Фелвæста хъал дымгæ цырд! «Хъуамæ æнкъард мæнæн ма уа-т,— Алкæм мæ фæндаг’— ’уæрæх!..» -, •' Стыр донæн йе ’рфыты бауад Размæ æнæзивæг бæх. • Мæнæ нæ рæсугъдты фарсмæ.. .. Февзæрдис барæг æваст, т.. _... ± Алæууыд й’ амонды размæ, Уый та нын зæхмæ ныккаст. «Хорз чызг, дæ кастæй мæ ма ’фхæр, Кæ мын дæ фæндон æргом, Курын, дæ донæй мын авæр, Науæд ныххус и мæ ком. Айдагъ дæ уындæй дæр буц дæн, Стыхджын мæ кодта дæ зылд. Хур мæм дæ цæсгомæй схуддзæн, Рустыл сæуæхсид фæзынд. Хъуамæ дæ зæрдæйы маст и, Цавæр маст? Дзур мын æй, дзур!» Барæгмæ сау чызг фæкасти,— Барæгыл ракаст йæ хур. Бафæндыд бирæ фæцæрын Барæджы — барухс йæ цард.
Къусæй йæ риуь1 цæХæ^ь!Л Диссаджы уазал дон калд. Кастис ныфсджынæй, уæндонæй, Бауарзта сау зæХх фылдæр: «Чызджыты хуыздæр, дæ донæй Ницыма нуæзтон хуыздæр! Аскъуынæн ма уæд дæ бонтæн, Амонд уæхимæ фæхæсс! Тав мæ, зæххон хур, чындзхонтæм Тагъдбон æнхъæлмæ ды кæс!» Азæлыд быдырты зарæг, Уади сæр-сæргæнгæ дон. Тахти хæххон цæргæс — барæг, Касти йæ фæстæ бæлон. 150
ХУР-СЫЗГЪÆРИН БАРÆГ Хъуысти комæй зарæг, Ууыл цард дæр раттин... Хур —сызгъæрин барæг — Хохы саргъыл сбадти. Кастысты йæм адæм, Хъæлдзæг ныхас хъуысти: «Арвæй абон ардæм Хур-барæг æрхызти!» Хох йæ конд нæ халы, Бадынц ыл цæргæстæ. Хъулон-мулон галы Нард фæрстау — йæ фæрстæ. Рауарыд æвзист дон Урс хохæн йæ риуыл. Барæгæн йæ идон Уыд сызгъæрин иууыл. Хохæн рухс— йæ изæр, Алыгъд хъарм бон зæххæй... Бахудт, загъта чидæр: «Ахауд хур йæ бæхæй...» Нæ, йæхæдæг рахызт Ие ’фсургъæй нæ барæг... Хурæн бирæ бантыст, Ахæм у нæ дарæг.„
Цал мингай æруагъта Арф кæмттæм йæ тынтæ... Хорз шахтерæн загъта: «Фен-иу, цæй, хæрзфынтæ!» 152
ЫССÆУЫ ХУР Ыссæуы хъарм хур, арвы дард цырæгътæ Кæны уый ныр йæ даргъ тынтæй хуыссын. Ыссæуы амонд, райхъал сты хæхтæ, Иæ ном сыл хур сызгъæринæй фыссы. Фæуайы аууон аууонæн йæ фæстæ, Цæмæй нымбæхсой алы къуымты арф, Сæ цæнгтæ стылдтой цинæйдзаг бæлæстæ,— Кæсынц, сæ сæрмæ [у цъæх-цъæхид арв... Ысхизы хур, йæ бæрзæндтæм тырны, Зынг къухты уый йæ сырх тырыса схæссы, Нырма уал кæд сырх обауау зыны, Фæлæ тагъд химæ нал уадздзæни скæсын. Цæуы бæлццон, кæнынц фылдæр йæ тыхтæ, Фæзæгъæм уымæн уарзонæй йæ ном. Тæрсут |уæхицæн, алхуызон къæрныхтæ, Кæндзæни хур уæ фыдмитæ æргом. Ныззарыд цъиу дæр рухс хурæн йæ зарæг, Бæлас—йæ бадæн, хурмæ дæр зыны... Æрлæуу æнцад дæ бынаты, лæгмарæг, Дæ къух сырхамæст, хур дын æй (уыны!.. Нæ кастæ, нæ, мæйдар æхсæв дæ фæдмæ, Нæ загътай афтæ: «Уæд мын, цæй, æгъгъæд». Фæлæ дын уæлæ хурзæрин æппæтмæ Ам мæнæ зæххыл равдыста дæ фæд!
Сæ куыстмæ уайынц хуры тынтыл адæм, Нæ хох, нæ фæзты азæлы сæ зард. Æрцæуы хæхтыл мах рæвда^уæг ардæм, Æрхæссы йемæ махæн амонд, цард... Фæдзæхсы хурыл буц кæстæры хистæр: «Дæ худт ын ма кæ дард балцы æвгъау!..» Иæхи йæм тавы фурды фале сидзæр, Кæны йын зарæг фосы цур фцййау... Æрттивы хур, цæмæй нæм ма уа давæг, Цæмæй фæскъæвда уа нæ фæндаг сур.— Æгас цæуæд æппæт дунейы тавæг, Æгас цæуæд нæ царддæттæг, нæ хур!.. 1965
ДЕНДЖЫЗ ÆМÆ ДОН Хъæргæнгæ уайы хохыл дон: «Æз дæлæ хохы фарс цæвон, Мæ цæфтæй акалон уый, цæй!» Æнхъæлы, ахæм тыхджын нæй. Ныххæццæ денджызмæ, нынцад... Нæ |уыд уый денджызмæ нымад... Фæлæ нæу арф денджыз дæр раст,— Æнæ дон цас уаид ныфсхаст?
„ДИССÆГТÆ, ДИССÆГТÆ1" Кæрдзинаг хабæрттæ Уыд, мæхур, а хабар Далæ Кæрдзыны, Ардыгæй уымæн Йæ рагъ дæр куы зыны. Мах цæрæм ахæм ран, Ахæм æнусы!.. ’ ■ Цоппай дзæбæх кодтой Иу-цалдæр усы... Хъæуæн йæ хæдсæрмæ, Фæндаджы фарсмæ, Бавнæлдтой уыдон Сæ кæлæн ныхасмæ: «О, хуыцау, о зæдтæ!» — Хъуыстон сæ хъæртæ, Цикъæ сæрбæттæнтæй Аив баст — сæртæ... «Сау мигътæ, февзæрут Арвыл æмбойны!— Асæттут, марадз, Нæ зæххæн йæ дойны! Скъæрут уæ къæвдатæ!» — Загътой нæ «сихтæ». ’ Уалынмæ ставд их Æркалдтой нæ мигътæ»
Ставд их йæ фæндаг Нæ цъæх фæзтыл дардта, Устытæн се ’дылы Къоппатæ надта. Устытæ тагъдгæнгæ Уадысты тигъæй!.. Устытæ загъдгæнгæ Кастысты джихæй!.. Скодтой хæснаг цыма: «Чи фæуа раззаг». Сæртыл хæцыдысты: «Риссынц ахъаззаг!..» Кодта сын иу чидæр Уынджы ныхæстæ: «Ма кæнут худинаг Махæн нæ бæстæ!..»
ТЕРК ÆМÆ ÆРЫДОН Æрыдонмæ, Теркмæ æдзынæг кæсын, Сæ кæрæдзи быдыры ссарынц,— Бæрæг у, кæй сын вæййы хицæнтæй зын,— Сæ удтæ кæрæдзимæ хъарынц. Нæ кæмттæй парахатæй, дзагæй кæлынц, Рæстæггай фæивынц сæ хуызтæ. Сæ кæрæдзи уарзынц, кæс-ма-иу, кæнынц Кæрæдзийæн хотау хъæбыстæ. Нæ Иры сæ хабар кæмæн нæу бæрæг, Кæй уайынц æдзухдæр сæ куыстмæ. Æвæццæгæн, исчи кæндзæни хæлæг Сæ хъазтмæ, сæ цинтæм, сæ бырстмæ. Æз зонын сыхæгтæ, æрвылбон сæ загъд Сæ цæрæнтæй уынгмæ фæхъуысы. Нæ фæуарзынц адон фæндырæн йæ цагъд. Рæсугъд симд сæ иу дæр нæ мысы. Æз уыдоныл худтæн: «Ныуадзут-ма, цæй!— Кæрæдзийæн бадæн нæ дæттæм!..» Æз |уыдонæн загътон мæ фæндон хъæрæй: «Фæкæсут-ма далæ нæ дæттæм!» 17-У1-1960
ХЪÆЛДЗÆГ НЫХÆСТÆ Алихан махæн Азауы куырдта, Азау та уымæн кæд афтæ дзырдта: «Мæн н’ асайдзынæ дæ сау рихитæй, Куы стыхстæн, усгур, æз де ’взæр митæй! Æз магусайыл цæмæн барвæссон, Мураты уарзын, цы йæ бамбæхсон, Уый цард аразы йæ диссаг куыстæй, Мах кадджын кæны йæ размæ бырстæй. У махæн, нана, бынтон æвæсмон, Нæ тых, нæ фидæн нæ фæсивæд у! Гагарины дын цæуылнæ фæзмон, Уый сахъ лæппутæн сæ хуыздæр кæд у! У дард, æвæдза, нæ фæлурс мæй дæр, , Ракетæ йæм тахт Америкæй дæр... Сæ ракетæ сын цы ран нæ фауди,— Фæлæуут, дам, ма!— Сæхиуыл хауди1 Иликъо скуывта уæларвы «зæдтæм», Æнхъæлмæ касти кæйдæр бæркæдтæм, Цæлуарзаг махæн цъæх арахъхь нызта, йæ нартхор не ’рзад,— нæ йæ бакуыста. Залихан махæн нæ хъугдуцæг у, Æхсырæн сау чызг йæ фæрсудзæг у, Къæртатæм йе ’хсыр цæрдæг авгæны» Фæлæ йыл дон та цæмæн акæны!
Мæдинæт хъазты фæндырæй цагъта... Хъайсынæн абон Фаризæт загъта: «Нæ разы кæнынц мæ ныййарджытæ: «Цæй, скаф-ма, зарон мæ хорз зарджытæ!» Сандыр та махæн æвзæр фæкусы Иæхи пайдайæн йæ хины руаджы. Фæцæй нын мардта йæ дыккаг усы, Фæсырдта, зæгъынц, ныр йе ’ртыккаджы! Тембол æрфыссы гæххæтты фæрстыл Фынддæс центнеры æхсæзы бæсты, Куыд нæ йыл худат, куыд æй бауарзат,— Уый кадмæ бæллыд,— æгадæй аззад! Бут|ус, дам, сайы нæ паддзахады,— Фæуарзы кусын æртæ сахаты! Æдылы къоппа, нæма йæ ’мбары,— Иæхи фæсайы, йæхи хъыгдары! Цæй сайд æрцыдис нартхордавæгыл, Æнæфсæрм лæгыл, йæ кад сафæгыл, Нæ рауадысты æвзæры фæндтæ,— Иæ ныхмæ дзырдтой йæ даргъ къахвæдтæ. Хъазимæ радтон мæ иу æмдзæвгæ, Бæргæ йын загътон, æркæс æм, зæгъгæ. «Дзæбæх» æм æркаст, æз стыр разы дæн,— Фæпайда йын дæн йæ иу радзырдæн. Арахъхъ, дам, зиан у, Хъасболат дзырдта, Йæ фыдтæ уымæн уый тынг хорз зыдта. Фæлæ йæхæдæг йæ тых æвзæрста,— Фыдрасыг кæй уыд, уый нал æмбæрста. Солтан радзуры æндæры тыххæй: «Сæрæн лæппу у, цæрдæг куы змæлы!» 160
Йæхицæн та, дам, йæ хæлиу дзыхæй Нæ къуыдипп лæгæн фæздæг фæкæлы. Поэты загъдау: «рувасæй бараст» Нæ дуканимæ нæхи Алыксы, Дуканийæ та цъæх сырдæй ракаст... Ныр ахæстоны йæ митæ мысы!.. Æз афтæ дзырдтон Дзыгойы фыртæн: «Цæуылнæ уайыс нæ цъæх быдыртæм? Уым адæм к^усынц, уым амонд рæзы, Æнад лæвархор, дæу дæр фæхæссы!» 11 Æвзæрст уацмыстæ. II т.
НОГ „ВОЛГÆ" НÆ СКЪÆФТА Тагъддæр, тагъддæр, зæгъгæ, хъуыст... Ног «Волгæ» нæ скъæфта. Цъыфы машинæ нынныхст Быдыры фæскъæвда. Уыд нæ фæндаг махæн даргъ, Фау æм алчи хаста... Цъыфы афардæг и цалх, Тынг æй цыма уарзта. Цалх-иу мидбынат ныззылд,— Дзæгъæлы фæкуыста, Фæлæ сау цъыфы ныгъуылд, Кодта йын хъæбыстæ. «У нæ хъуыддаг ам æвзæр!» Загътам къордæй мах дæр. Шофыр батылдта йæ сæр: «Агæпп кæнут тагъддæр! Курын, ма лæуут æнцад, Рацагурут дуртæ...» Алчи кусынмæ фæуад, «Афтæ, гъе, мæ хуртæ!» Тагъд чи кодта, уый нын каст Шофырæн йæ коммæ. Ме ’мбал сау зæххыл æваст Атъæпæн дæлгоммæ. 162
Нал нын уагъта цалх уый цух, И’ алывæрсты азылд... Доны ауыгъта йæ къух, Ахуыссыд йæ фарсыл. Ачъиллон и уайтагъд лæг Уыцы чъизи малы. Чидæр рахуыдта хæйрæг Не ’рыгон æмбалы. Хæлаф адардта бæрæг, Хæдон уыд «дæргъытæ». Цъыфæй сгæпп кодтой цæрдæг «Волгæ»-йы цæлхытæ. Фæлæ кодта алчи хъаст Не ’мбæлттæн сæ иуæй,— Уый нæм хус ранæй ныккаст, Дардта дзых хæлиуæй. Иуварс мах зынтæй фæлыгъд, Чи, дам, лæууы доны. Галстук арты хуызæн сыгъд Урс-урсид хæдоныл. Касти, кодтам æм мæсты, Фехъуыста нæ ныхас: «Истæмæн нын бабæзз ды, Ма нын у æмбыд нас». Уый та не змæлыд лæгау,— Ис ма нæм æвзæртæ. Уыд йæ дарæс иуæн сау, Иннæмæн —йæ зæрдæ.
Иуæн загъдæуыд: «Лæг дæ! Зон, дæ хорз кой хъуысдзæн...» Фæлæ иннæйы зæрдæ Стыр Терк дæр нæ ныхсдзæн!.. 1962 164
ЛАЛЫМ ÆМÆ БИРÆГЪ Æцæг хабар Хабар рох кæнын нæ комы, Ууыл цæуы ам ныхас... Сахъ лæппутæ уартæ комы, Нал уыдысты, нал, æдас. Тагъд |уыд, аив уыд сæ ракаст, Даргъ, уæрæх уыди сæ уис, Уыд дзæбидыртау сæ бакаст,— Кодтой уыдон тыхыл дис!.. Хур сæ байдыдта хъыгдарын... Хо сæм араст æмæ стыхст: Хаста чъиритæ, йæ лалым Кæд йæ къуымæлæй ныддымст. Цыд уый тагъд-тагъд рагъæй-рагъмæ... Касти хæхтæм, хъуыста маргъмæ... Зарыд гоппонцъиу хъæрæй Рагъыл стыр дуры сæрæй. Зарыд хосгæрдæг фæллойыл, Адæм «февналæм!» — дзырдтой,— Адæм æфсымæрты хойы Кæд цъæх дидинæг хуыдтой. Хаста чызг хордзентæ йе ’ккои, Тигъæй айхт^уыстис йæ дзырд... Хосдзаутæ сæ хойы федтой,— С’ алчи уайтæккæ фæцырд.
Хорз чызг арф кæрдæджы базылд, Разылд уый сæр къулы тагъд. Лалым фæллад къухтæй атылд, Къулы æфсымæртæм тахт. Уайтагъд афæлурс нæ хосдзау, «Бирæгъ!» — схъæр кодта æваст, Нал уыд сахъ æфсымæр хорзау, Кæстæр хистæрмæ ныккаст!.. «Лидзæм!» — хъуыстысты сæ хъæртæ, Февдыста йæ дæндаг сырд... Калынц цæстытæ цæхæртæ!.. «Лидзæм сау къæдзæхтæм цырд!..» Бауарзтой сæ ком, сæ хох Сахъ Газакк, Цымырзæ, Нох. С’ алкæцы фæлурсæй згъордта, «Хъæдмæ тагъд!» — йæ хуыз фæцыд. Худæгæй ныкъкъæцæл хо та, Тарст æфсымæртæм хæцыд: «Гъей, хъæбатыртæ, цы лидзут? Уый цы тæрсут, уый цы ризут? Ардæм байхъусут чысыл, Хъуыддаг бамбарут нывыл! Лалым у, къ^уымæл дзы — бирæ...» Хъуыстис уыдонмæ та: «Бирæгъ!..» «Адæм худдзысты, лæппутæ, Схондзысты сымах тæппудтæ!.. Адæмæн нæ кæнут се ’мгуыст,— Чи уæм, цавæр: уæм бæлла?» Фæлæ æфсьгмæртæм фехъуыст: «У нæ цъæх бирæгъ æрра!»
«Гъей, тæрхъустæ, уый цы тæрсут?» Фехъуыст уыдонмæ: «Нымбæхсут!. Ма быр, о Газакк, дæ фарсыл!» — Афтæ уыдон хъустыл уад. «Сабыр! Амбæлдзыстут арсыл, Уый уын скæндзæни бынат!» Тахти лалым. Мæнæ кьулы Фехъуыст уалынмæ йæ тъ(упп, Схъиудта лалым, скъуырдта дуры — Хосдзау дæр йæ сæрæн — къупп!.. Хистæр рамæсты йæ къæхтæм,— Нал уыд тагъд уайын йæ бон. Кæстæр акасти нæ хæхтæм: «Уайон, арф ранмæ лæсон!..» Нал æвзæрстой къудзи, къултæ, Алчи арфдæр ран ныллæст... Фæлæ разынд къ(улыл дуртæ, Иу дзы лалымыл фæхæст. Банцадис йæ гæппæй лалым... Уæд фæстæмæ Нох фæкаст: «Уый цы уынын, уый цы ’взарын? Бирæгъæн йæ сæр ныссаст! Мах æрра сырдæй нæ тæрсæм, Стæм æртæйæ, нæу уый калм. Рацæут-ма тагъд, æркæсæм, Мах ын астигъæм йæ царм!.. Нал фæнддзæн ныр уый лæбурын, Нал кæндзæн ныр уый мæсты». Ауыдтой: лæууыд сæ цуры Лалым бирæгъы бæсты.
Хъуыст Фаризæтæн йæ кæл-кæл, Ног та худæгæй ныкъкъæцæл: «Хъуамæ базоной нæ хъæу, Лалым тынг тæссаг кæй нæу». Кодтой хосдзаутæ æртхъирæн: «Хъус, куы ракæнай нæ кой, Ды дзæгъæл куы дзурай бирæ, Зон, уыдзæн тæппуд дæ мой...» 1965 168
ШЫСЫМ ÆМÆ ИÆ УАЗÆГ (Ирон æмбисонд) Хорз лæг уыд нæ фысым, Бонзонгæ, рæдау,— Рахæцыд йæ фысыл, Уазæгыл, дам, стыхсын, Уазæджы фæмысын,— Раттæм ын æгъдау! «Рахиз, рахиз, уазæг,— Не стæм мах чъынды,— Ацарæзтай уалдзæг Уазал бонæй ды!» Чи ма уа нæртон та? Гатеты Цæрæг Уазæгæн нæ кодта Исты хорз хæлæг! Не ’фсин алцы хаста... Бахъуаджы сахат Карз арахъхъ æрцахста Дзаг фынгыл бынат. Арахъхъæн йæ фарсмæ Авæрдта хъæдындз Буц уазæджы размæ Æфсинæн йæ чындз. Уазæг загъта чындзæн: «Бузныг стæм дæуæй,— 169
Ацы ног х’ъæдындзæн Аргъ ныртæккæ нæй!..» Физонæг, хæбизджын, Хъайла, цыхт,— æппæт Байдыдтой æвдисын Фысымæн йæ хъæд. Фысым фынгмæ касти: «Бирæ нæу мæ бон!..» Уазæг уымæй тарсти,— Адаргъ уыдзæн бон! Систа фысым нуазæн, Ракуывта, цæмæй Тынг кæрæдзи уарзæм, Куыст цæуа фæрнæй! «Лæг бæллæд нæ коймæ, Не ’ххуыс æй хъæуæд!— Алкæй хорз чызг моймæ Афоныл цæуæд!..» Амыдта нæ хæстæ: «Минæй сты фылдæр!— Хистæрæн йæ фæстæ Баззайæд кæстæр! Бавнал, уазæг, ануаз, Ма мын бад æнцад, Стæй дæ хъуыддаг араз,— Ис æппæтæн рад!» Уазæг дæр æвнæлдта,— Дзаг нуазæн зындис... Диссæгтæй фылдæр та А зæххыл цы ис!
Хорз фысымы руадяЫ, Чи нæ уыд мæрддзæст. Ахсæн байдзаг раджы,— Не ’фсæсти, нæ, цæст* Хорз уазæг нымад у,— Уарзынц æй фыд, мад. Нуазæн ном |у, кад у, Нуазаг та — æгад. Кæстæр нуазæн уагъта, Мæнæ цыма дон... Уæд нæ хъæдындз загъта Арахъхъæн фæндон: «Уазæг хорз нæ хæры, У йæ ракаст тар!— Смидæг у йæ сæры, Къæхтæ уадз мæ бар!..» Фæлæ уазæг хордта, Нуазæнтæй нæ тарст!— Иурæстæджы кодта Фысымæн йæ хъаст: «Ацы арахъхъ карз у,— Кæн, фысым, мæ мæт!— Ахауынæй тас (у,— Мауал мын æй дæтт! Срасыг кæн æндæры, Æз тыхджын нæ дæн. Карз арахъхъ мæ сæры Февзæрди. Цæмæн?» Фысым бахудт мидбыл: «Ахæм у йæ уаг,—
Худы дын дæ митыл,— Ауагътай дзы фаг. Тутт бынæттæ уарзы, Скæны мах фыддзых!— Чи нын æй нæ нуазы, Уый йыл кæны тых!..» 1972 172
кЙСТÆРЫ ДЗУАПН (Рагон хабар) Дзесты КуыдзæгæН Кæддæр, дам, паддзахы рæстæджы Нæ хæхтæм иу булкъон фæзынд, Хæххонтæ скадджын кодтой лæджы, «Цæр бирæ!» — раарфæ йын чынд. Æрттывтой цъититæ йæ фарсмæ, Æвдыстой стыр хæхтæ сæ конд... Æрлæууыд «уазæгæн» йæ размæ Хæххон лæг, цухъхъаджын зæронд. Хæххон лæггад кодта Кавказæн, Хæрд, нозт нæ кодта уый æвгъау! Лæг дардта рахиз къухы нуазæн — Лæвæрдта булкъонæн æгъдау!.. «Æрцыдтæ махмæ,— загъта,— хурбон, Фæцæр нын мин азæй фылдæр!..» Æрмæст фæмæстыгомау булкъон: «Иæ бæсты не ссардтой хуыздæр!..» Уыд лæджы бафхæрын йæ зæрды: «Ау, хохы иу кадджын лæг нæй?» Каст зæронд, афарста кæйдæрты: «Цы загъта ацы лæг мæнæй?..» 173
Лæууыд тæлмацгæнæг йæ цу^У! «Уый махæй диссæгтæ нæ дзуры!..» Нæ зæронд байдыдта уæд худын, Нæ хæххон батылдта йæ сæр: «Ныббарæд ацы лæг, Заёгъут ын: «Хуыздæрмæ рацæуы хуыздæр!..» б-У-6 9 174
ДИССАДЖЫ КЪÆВДА Цыма хæхтыл исчи мигътæ пиры, Каст бæлццонмæ уыйхуызæн, хæрзаг... Арв куы ’рхауа, уымæй абон Иры Уыд, æвæдза, алкæмæн тæссаг!.. Арвæн дардæй хъуыстысты йæ хъæртæ, Хæхтæн хъарм дон царды хос фæци. Афастой^нæ бæрзытæ сæ сæртæ, Рахсадтой нæ кæрдотæ сæхи. Нæй æнæ дон халсарæн дæр зайæн. Цъиу нæ зары, фæз нæ дары цъæх... «Бузныг, бузныг, б|узныг!» — сахъ къæвдайæн Кодта арфæ ацы бон нæ зæхх. Цас уыд, цас, æхсызгон та нæ хъæдæн, Тигътæн ноджы, хурæй сыгъд пыхсæн! «Ехх,— дзырдтон,— ныр бирæты зæрдæтæн Ку’ уаид донæй а зæххау ныхоæн!» 1967
КÆКУС Кæкус кæйдæр ныхмæ хæцыд, Цы нæ схауд абон уый дзыхæй!.. Кæкус йæ куыстæй ист æрцыд, Кæй ницы куыста, уый тыххæй. У загъдмæ хъусын махæн зын, Кæкус æй бирæ бауарзта... <кИæ бæсты чи кусы? Зæгъ мын»,— Кæйдæр уæд чидæр афарста. «Йæ бæсты?» — иу чидæр уæд тагъд Куы бадзырдта кæйдæр хъусы,— Иæ бæсты ничи, ма кæ загъд,— Ничи уымæй х^уыздæр кусы...» 1967
ЧИ ФÆРСДЗÆН ЧЫЗГÆН ЙÆХИ ТА? Барвыстой мадмæ: «Нæ хъуыддаг æмбар,— Ралæууыд й’ афон дæ «хурæн!» Радзырдтой фыдæн дæр: «Ис нæм хабар... Хорз чызг у, дардыл нæ дзурæм!..» Радзырдта минæвар: «Бахус бынтон Лæппу, мæпуырæг, йæ мæтæй!— Рацæут, фенут æй,—нал у йæ бон! Старстысты уымæн мæлæтæй! Нæу нын уый фауинаг, нæу уый дзырддаг, Ничи йæ схондзæни хъал дæр!.. Уымæн хæзнатæй йæ чырынтæ — дзаг, Гауызтæ уый къултыл — цалдæр... Акæнут й’ амондыл чызгæн хъуыды,— Хъарм уæтты баддзæн æдзухдæр, Ленк кæндзæн уыцы чызг царвы, мыды, ’ Н’ атулдзæн доны йæ къух дæр!» Байхъуысти хотæм дæр ног хабар тагъд: «Мах уын Аминæты сурæм!..» Иунæг нæ кодта нæ лæгтимæ загъд: «Мах уæ нæхицæй нæ сурæм!..» Ие ’фсымæр чызгæн Дзамболат — салдат, Фервыстой уымæ дæр дардмæ: «Афтæ сты хабæрттæ... исты дзуапп ратт... Байхъус дæ фыдмæ, дæ мадмæ!..» 12 ^ВЗæрст удцмыстæ, 1| т, ,177
, Чызгжн ис дард хæстæг,— Бетъре — йæ ном, Баппæрста уый дæр фæндонтæ, Бахудт кжмæдæрты: «Бануазæм, цом, 'Уайæнт ныл хъæлдзæгæй бонтæ!» Ие ’фсымæр фыдæн, нæ мадæн йæ хо,— Иууыл æрцыдысты фарсты... Гаги, Азаухан, Алихан, Дæхъо Акафой хъуамæ йæ хъазты... «Чызгæн рæхджыбон æнæхæсгæ нæй!» Дзурынц нæ сыхы лæппуйæ, чызгæй,— Хъуамæ йæм райсом нырвита... Афæрсæм мах дæр кæйдæрты ныр, цæй: «Чи фæрсдзæн чызгæн йæхи та?»
Р>63ЛЁ УЙМ/Ё ДЗЫВЫЛДА^ (Лргъау) • Иу комрæбын доны фарсмæ Розæ хъæлдзæгæй куы рæзт... Адæймаг-иу цыд йæ размæ, Не ’фсæст æм кæсынæй цæст. Доны был æхсæвæй-бонæй Хъахъхъæдта йæхи фыдбонæй,— Розæйæн цыргъ уыд йæ сындз, Мæнæ раст цыма æрцындз. Мæргътæ тахтысты йæ цурмæ Æмæ зарыдысты хурмæ, Кодтой й’ алыварс пæр-пæр Рухс уалдзæг æмæ сæрд дæр. Фæлæ иухатт уымæн хъазгæ, Батахт дзывылдар йæ размæ, Абадтис ыл æмæ сындз Къахыл аныдзæвд, зæгъынц. Уый та маргъæн цас фæрысти?— Фæлæ атахт иуварс тагъд... Хъастгæнаг уыд, æмæ хъуысти Быдыры йæ хъæр, йæ загъд. Сæгъмæ атахтис æмраст, Уымæн ракодта йæ хъаст: — «Хъус, мæ хабæрттæ куыддæ сты, Бафхæр розæйы мæ бæсты!— Нал æм у кæсын мæ бон, Курын дæ æмæ йæ стон. Абадтæн ыл æмæ сныхсти Сындз мæ къахы!» — Уый загъд хъуысти,— «Æз дæ митæ зонын рагæй, 179
^айдайыс ды фауын алкæй!..— Дзуапп ын афтæ радта сæгъ Хъазгæ, худгæйæ, дзæбæх... — Уæд дæ ныхæстæ цытæ сты!..» Маргъ та сæгъмæ дæр фæмæсты,— Комкоммæ йын загъта раст Æмæ йæм тызмæгæй каст, Нал хъуыста æппын ныхасмæ, Нал бадт иуран æмæ тагъд Хъæдты, тигъты сæрты размæ Хохмæ фиййаумæ фæтахт, Загъта фиййауæн æнкъардæй: — «Æз дæумæ фæтахтæн дардæй,— Бахъуыд абон мæн дæ сæр, Æмæ феххуыс кæн ды дæр. Бадтæн розæйыл, фæныхсти Сындз мæ къахы, къах фæрысти, Сæгъæн ракодтон мæ хъаст, Уый нæ бамбæрста мæ маст!— Курын, фиййау, æз дæуæй, Бафхæр уыцы сæгъы, цæй!» Радта фиййау дзуапп цыбырæй: — Раст нæ хъуыды кæныс, маргъ,— Розæйæн чысылæй, стырæй Мах кæнæм кæддæрид аргъ. Розæ хъæлдзæгæй фæрæзы Доныбыл нæ ком, нæ фæзы, Ирд бон уа, кæнæ та ’хсæв,— Адджын розæйæн — йæ тæф. Загъд цæмæн кæныс сæгъимæ?— Раст дын загъта, раст уый, зон.— Сæгъ æхсыр хæссы сæхимæ, Нæу йæ бафхæрын мæ бон!— Уæд дæ митæ уый цытæ сты?— Ноджы тынгдæр та фæмæсты Хивæнд -маргъ,— бынтон æстыхст
/Ёмæ та йæ ныхас хъуыеГ’! — Дæу мæ фарсхæцæг куыхуыдтой, Фæлæ нæу мæ хъуыды раст. Абон уонг дæ хорз нæ зыдтон...— Кодта хъастгæнæг ныхас... Дзывылдармæ фиййау касти, Мидбылты йæм худт фæлмæн: — Раст дзуры дæу тыххæй алчи... Ныр цы загъд кæныс, цæмæн?— Маргъ йæ хъæстытæ нæ уагъта, Систа хъæр æмæ цъæхахст!.. Маргъ ын мæнæ афтæ загъта: — Райсдзæн, райсдзæн зынг мæ маст! У тыхджын! Иæ пиллон калы, Зæхх басудзын уымæн циу?— Фестын кæндзæн сау æвзалы Уый дæ бæстыхай, кæс-иу!.. — Зонын, зонын, дæу цы фæнды! Мах фесафын нæу æнцон! О, «тыхджын» дæ, ис дæ зæрды,— Мауал |уæм зæххыл бынтон! Фæлæ махæн зынг— нæ хæлар, Схъарм нын кæны уый нæ хæдзар, Сихор, аходæн фыцы, Исты йæ нæ зоныс, цы? Ферттывта сырх зынг нæ маргъмæ Дардæй, быдырæй æваст, Нал каст фæндагæн йæ даргъмæ Маргъ дæр, атахт æм æмраст. — Бамбар, бамбар, цæй, мæ зынтæ!— Уæлæ х(урау ды тыхджын дæ, Ис дæм фаг тых æмæ ’хсар. Басудз фиййауы хæдзар. Баууæнд мыл, æз дæу нæ сайын, Уый бæсты хуыздæр — мæлæт!.. Афтæ-уфтæ,—’радзырдта йын
Уым йæ даргъ хабæрттæ пй&1\ Дзуапп ын радта зынг фæстæмæ: — Нæ, нæ цæуыс ды зæрдæмæ, Нæу дæуæн дæ ныхас раст, Фиййауæй нæ кæнын хъаст. Ласы хъæдæй суг уæрдоны, Фæрæтæй йæ рæвдз сæтты, Ссудзы арт... Мæ тых мын зоны,— Арт ын хорздзинад дæтты. Уæд дæ ныхæстæ куыдтæ сты?.. Маргъ та зынгмæ дæр фæмæсты Æмæ йæм хъæрæй хæцыд,— Зынг йæ зæрдæмæ нæ цыд: — Зон, æрлæудзынæн дæ зæрдыл,— Тагъд ды ку ’ахуыссай бынтон!.. Цæй фæтæхон, кæс мæ фæдыл,— Ме стыр маст мын райсдзæн дон!— Дзывылдар та ныр мæстджынæй Зынджы цурæй дард фæтахт- Æмæ федта, хох-рæбынæй Дуртыл дон хæл-хæлæй калд, Размæ уад фынккалгæ комы,— Маргъы зæрдæ барызт тынг: — Хъус-ма, И|у хъуыддаг дæ домын,— Ахуыссын кæ, марадз, зынг!.. Дон гуылфгæнгæ уад йæ рæзты, Дон æм цымæ ныр дзырдта: «Кусын æз лæгæн йæ бæсты, Уый цытæ кæныс ды та? Чи нæ федта?—Чи нæ ’мбары?— Доныл бырсы размæ нау, Халсарыл дæр дон фæуары, Чи йын у æххуыс мæнау? Нæ фиййауимæ, сæгъимæ Хыл нæ кæндзынæн æппын, Маст нæ райсдзынæн мæхимæ,—
Адæмæн куыд нæ уа зын!» Æмæ дон гуылфгæнгæ, хъазгæ, Арф денджызмæ уади размæ. Дон нæ кодта, нæ, мæсты дæр,— Маргъæн амонын хъуыди... Фæлæ дзывылдар мæстыгæр Æмæ хъастгæнаг уыди. Уый ма донæн дæр кæм барста,— Нал бадт иу ран, кодта загъд. Уайтагъд та ныппæррæст ласта Æмæ сау хохмæ фæтахт. Сау хохыл йæхи æруагъта — Нал æй тавта, нал, йæ хур! Сау хохæн уый афтæ загъта: — Далæ донмæ кал дæ дур! Доны бауром йæ цыдæй, Адæмæн куыд нæ уа дон!— Фервæзын кæ мæн мæ зынтæй, Ам хæрзæдыхстæй цæрон!.. Хох нызмæлыд, хох нынкъуысти, Хохы февзæрди Лæгæт,— Дзывылдармæ хохæй хъуысти Мæнæ ахæм ныхас уæд: — Хъастгæнаг мæнæн нæу уарзон!— Хъусын æм куыдæй фæразон?— Ма кæ розæмæ мæсты, Аххосджын — дæхæдæг ды!..» Маргъ та фæндагыл фæраст, Куырдæн ракодта йæ хъаст: — Де стыр дзæбуг райс уæндонæй, Хой дзы къæдзæх, хой дзы дур!— Фидардæр у уый æндонæй, Фæлæ йæ ныккæ хæрз мур! Байтауа йæ дымгæ хъæдтыл, Стыр быдыртыл æмæ кæмттыл! У мæ дзырд мæнæн цыбыр,—
Курын, райс мæ маст ды ныр!.. Куырд дæр бацыди (уæд дисы: — Ацы маргъæй ныр цы риссы? Цас уыдзæн йæ маст дæр, цас?— Кодта хинымæр ныхас: — Цард куыстæй у, рухс — мæ фидæн,— Алы хатт дæ зæрдыл дар: Дурæй аразын мæхицæн Донауазæн, хид, хæдзар. Ис мæм иу хъуыды, зæгъон æй: Ныр куыд уаид хъ^уамæ цард, Зæхх куы байдзаг уаид донæй, Хæдзæрттыл куы схæцид арт. Дон куынæуал кæлид фæзты, Дур куы нал уаид нæ бæсты, Арт куы нал судзид æппын, Уæд цы кæниккам?—Зæгъ мын!— Банцад маргъ æмæ йæ суагъта, — Атæх, атæх!— уымæн загъта,— Ныр дæ дидинæг фæзтæм, Мæнæ уалдзыгон бæстæм!— Ма цу масты фæдыл абон!— Бамбар, раст дын загътой адон! Семæ хъæлдзæгæй-иу цæр, Æмæ уа дæ цард хуыздæр!.. Ради, калдта бон цæхæртæ... Маргъæн фендæри йæ зæрдæ, Арвмæ хъæлдзæгæй æстахт, Айхъуысти йæ зарын тагъд. Нал цыд йе стыр цин йæ риуы, Худын байдыдта йæхи(уыл, Атахт Розæмæ фæрнæй, Зарыд розæйæн хъæрæй.
^О МИНУТЫ (Плиты хъæбатыр Иссæйы цардæй) Нæ уагътой худын мигътæ хуры, Нæма ’нцад хæст... Ныррызт-иу зæхх. Лæууыд тæхынæввонг йæ цуры Иссæйæн иурайсом йæ бæх.. Иссæ йæм нал æфсæст кæсынæй, Сæрфта йын хъарм къухæй йæ сæр: «Мæн фатау чи скъæфта мæ зынæй? Мæн размæ чи скъæфдзæн ныр дæр!» Цæргæстæ — йе ’мбæлттæ — Иссæйæн Уыдысты минæй дæр фылдæр, Нæ сын уыд иу минут «ныссæйæн»,— Уыд иу бон иннæмæй фыддæр! Ныддаргъ-иу уыдоныл сæ фыдбон! Уыдысты се ’хсаргæрдтæ ’хсыст, Æрттывтой, се ’мбæхсæнты (уыдон Нырма нæма уыдысты тъыст. «Ыссæудзæн сомы-бон нæ фæллад, Лæджыхъæд равдисæм ныр та, Нæ фæндаг нæу, хæстонтæ, сгæллад!» — Инæлар йе ’мбæлттæн дзырдта. Нымадтой хорз лæджы сæ фыдыл, Дзырдтой, цыдысты йæм хæстæг... Фæци нæ сæрæнгуырд хъуыдытыл: «Кæд нал калдзæн йæ сау туг лæг!»
Хæстон лæг цас зынтæн фæразы! Уый доныл, митыл дæр хуысдзæн! «Куыд уа мæ иунæг мад Кавказы!— Аминæт афонмæ тыхсдзæн! Æххуыс ын абон дæр нæма дæн — Фæкæны афтæмæй мæ мæт! Иæ хæрзтæ чи бафыста мадæн, Мæнæн уый йе стыр ном зæгъæд...» О, знон йæ хорз æмбал фæмарди,— Иссæ йæхимæ хъусгæ бадт!.. Иæ хицау корпусæн фæуади, Иссæмæ «дзурыны бар ратт!..» «Æрцæуынц, айхъус-ма сæ хъæрмæ, Сæ фаг кæм разындзæн нæмыг? Бырсынц нæм руминтæ, сæ сæрмæ Сбадт мигъау уыдонæн сæ рыг! Лæгмартæн сыскъуындзæн сæ хъæстæ! Нæ цæры тынг бирæ къæрных! Дæн курæг иунæг полкъ æрмæстдæр,— Нæма у ме ’хсаргард къуымых!» Иссæ нын йе ’мбалæн фæтарсти: «Хъыгдары, чи зоны, дæу низ!» Ныххудти, сабыр æм ныккасти: «Кæнын дыл ацы хатт æз дис! Мæ-гъа, цæмæн дыл кæнон цинтæ... Æз полкъ цæмæн дæттон дæуæн! Дыууæ дивизийы... уæнт минтæ! Дæ ныхас, нæй, дам, сын фæуæн! Куынæ сты къорд æфсады исты, Мæгуырæг, бауагътой дæ тас!— 186
Инæлар о, салдæттæ чи сты?— Кæнæм ма уый тыххæй ныхас.,.» — «Салдæттæ чи сты, уый æмбарын, Салдат мæгуыр æмæ фæллад, Кæны сæ тугдзых Гитлер марын, Фæкæуы с’ алкæмæн йæ мад!» Иссæ фæцæрдæг и, фæмæсты: «Нæу ме ’хсаргард дæр згæ, къуымых!— Ды баззай ацы ран мæ бæсты, Цæуон æз, равзарон сæ тых!» Иссæ йæ барджытæм куы бакаст, Сæ иуæн акодта хъæбыс: «Фæцæуы хур, Кæнæм фæндараст, Уæд не ’мбал алы хатт дæр ныфс! Цæуон, ныфс хъуамæ уа зæрдæйы,— Хъуыддæгтæ н’ аразы тæппуд!— Æрмæст... к)уыд вæййы ’мæ цы вæййы!.. Мæ кой дæр сомы-бон кæнут!..» Иссæйы худæджы ныхасæй Фæрухсдæр аст лæгæн сæ бон... Цыдысты барджытæ, сæ разæй Цыдис хъуыдыгæнгæ хæххон. Чи йе ’мрæнхъ цыдис, чи йæ фæдыл, Хъуыдыты аныгъуылд йæ сæр... Лæууыд Суворов та йæ зæрдыл: «Фæзмон æй, цæй æмæ, æз дæр!» Зындис æм стыр бомбæтæй къахт зæхх, Иссæ йæм къухаутуонæй каст... 187
Цыдис хуыррытгæнгæ фæллад бæх, Къæцæл йæ сæфтæджы бын саст. Лыгъдысты ставдбæрзæй æлдæрттæ Нæ мастæй алы къуымтæм цырд!.. Сыгъдысты адæмы хæдзæрттæ, Уыдй сæ бандзарæг лæгсырд!.. Сæ дзыхтæй сармадзантæ калдтой Цæхæртæ, бахъардта сæм рыст! Сæ кæмттæ змæст арвмæ ныддардтой, Сæ богъ-богъ алы ранæй хъуыст. Уæд вæййы адæймаг æгъатыр, Куы скæны й’ адæмыл фыдаз!— Уæд вæййы иунæг та хъæбатыр, Куы хæцой бирæтæ йæ фарс! Нæ уыд Аминæты фырт иунæг, Нæ уагътой йе ’мбæлттæ |уый цух. Æфсæдтæ баурæдта иу лæг. «Æрлæуут!» — сдардта сæм йæ къух. «Æгъгъæд! Æрæвæрут уæ гæрзтæ!— Дзырдта сæм дард хæххон бæстаг. Ис сау халæттæ, ис цæргæстæ, Ис тугдзых бирæгътæ, ис саг!— Уæхуыдтæг хорз æмбарут, чи дæн... Мæн адæм не схуыдтой мæнгард! Бæллиццаг — ме ’фсадæн йæ фидæн, Нæу, нæу, æппæлинаг уæ цард! Нæ номæй тар æхсæв ныййарæг Нæ кæны сабийы тæрсын!— Нæ кæны мах аххосæй хъарæг, Кæнноднæ байдайы хъæрзын! 188
Зыррытт нæ кæны зæххы къори Нæ хуры алфамблай мæнгæн. Æдзух нæ фарс хæцы истори, Цæуынц йæ хъуыддæгтæ лæгæн!..» Дзырдта нæ сахъ Иссæ, нæ тарсти, Тæппуд æм никуы (уыд нымад! Рæстæггай сахатмæ дæр касти,— Минут минуты фæстæ уад.., «Нырма уал ме ’хсаргард нæ ласын,— Дзæбæхæй саразæм хъуыддаг!— Кæсут уæ сахæттæм! — дзырдта сын,— Кæд не сты ссæдз минуты фаг! Фæлæ уыдзысты фаг, æмбарын, Иæ фæндон у’ ардауæг зæгъæд. Нæ фæнды ме ’мбæлтты лæг марын, Фæуæд, цæй, тугкалдæн æгъгъæд!» Хуыдта сæ марджытæ, æнæуаг, Мæстджынæй байдыдта кæсын!.. «Иæ цæсгом у’ алкæмæн — рыгæйдзаг, Кæниккой сабийы тæрсын! Нæ тæрсæм,— загъта сып,— уæ хъæрæй!» Бынаты нал лæууыд йæ бæх, Зынг фестад, хъазыди йæ сæрæй, Æрцавта рог ,урс къахæй зæхх. Сæ фале бæхджынтæн хъæу уыди, Хъуыст хатгай уырдыгæй цъæхахст... Руминаг аууоны лæууыди, Иссæмæ хурзæрин нымдзаст. Рæсугъд |уыд дамбацайæн й’ агъуд, Уыд астæу ног ронæй æлвæст,
Йæ сæрыл фидыдта цъына-худ. Уыд стъалы худыл та ныхæст. Уад афон... Сау зæхх-иу ныррызти, Тахт минæ, асаст-иу бæлас. Иæ цъыкк-цъыкк бур сахатæн хъуысти,— Уыд рæстæг не ’фсадæн йæ фарс. Цы фестут?— Дзуапп, дам, уæ нæ хъусын,— Иссæйæн фехъуысти йæ хъæр... Уæд мæнæ бадзырдта йæ хъусы Инæлар йе ’мбалæн цыдæр... Цы дзырдта?— Чи йæ зона хъуамæ?— Уæвгæ йæ зонын дæр нæу зын: «Ис тых, ис стыр лæгдзинад амæ!» — Иссæйæ байдыдтой тæрсын! Хъæр кодтой салдæттæ: «Æгъгъæд у! Цард хорз у! Гитлерæн — капут! Кæсут, хæсты цæхæр нæ фæд у! Æгъгъæд, руминæгтæ, зæгъут! Куырмытæ, чи зоны, ныр нал уат! Зæхх мæнæ н’ аххосæй |у сау!» Иссæмæ иу инæлар бауад, Ныккаст æм... радта йын æгъдау... Инæлар нал ардта ныхæстæ, Иæ къух та кодта, дам, зыр-зыр!.. «Зæгъ нын, кæм æвæрæм нæ гæрзтæ? Кæдæм? Кæй фæстæ цæуæм ныр!» Иссæйы уадæмдых цæргæстæ Уыдысты сау хæстмæ цæттæ!
Æвæрдтой салдæттæ сæ гæрзтæ, Сæ гæрзтæй рауади цæндтæ. Иссæ та фестадис æрыгон, Дымгæйау атахтис йæ бæх. Уыдис хъæбатырæн æхсызгон, Кæй разынд дард арвæн йæ цъæх. 191
ХОХЫ ЛÆППУ РАЙГУЫРД МАДÆН (Балладæ) Хохы лæппу райгуырд мадæн,— Мад дзы нæ иста йæ цæст. Узта йын арæх йæ авдæн, Худтис æм сывæллон, рæзт. Рæзтис ын бонгай, сахатгай Урссæр бæрзонд хохы цур,— Мадæн йæ сагъæс, йæ катай, Мадæн йæ цин æмæ хур. Мæй æхсæв йемæ куы хъазыд, Арвæй-иу мигътæм æрхызт. Раци цæ сывæллон аздзыд,— Мадæн фæкъаддæр йæ тыхст. Уыйау нæ зæрдæмæ чи цыд?— Схудт-иу, фæрдыгау зынди. Номæвæрæг ын мæхи фыд, Хохаг зæхкусæг, уыди. «Уарзут æй, тынг хорз æй зонут,— Афæдзтæ бонтау тæхынц!— Ардыгæй фæстæмæ хонут Сабийы хорз ном Хæмыц!..» Азы фæстаг бон æруади,— Фестад, фæлæ-иу фæкалд, Бахылди дзаумæттæм саби,— Систа дзæбуг æмæ кард.
Загъта нæ хистæр: «Ам хохы Уымæн нæ уыдзæн æнцон!— Уайдзæн куысты æмæ тохы Ацы лæппуйыл йæ бон!— Уайдзæн фæдис æмæ дугътæм,— Хистæр æй схондзæн йæ ныфс!..» Истой йæ адæм сæ къухтæм, Кодтой йын батæ, хъæбыс. Саби дæр пуккытæ стылдта,— Кодтой йæ мадмæ хæлæг! Чидæр та афтæ ысдзырдта: «Гайлаг у родæй бæрæг!.. Фенут, йæ къахист фæцырддæр, У нын йæ ныфс дæр фылдæр!— Ам æй куы фенид йæ фыд дæр,— Рæзид йæ цинæй ныр дæр! Ацæуид хъалæй йæ рæзты, Нал кæнид фидæныл мæт! Нал ацард хорз лæг,— нæ бæсты Хæцæны ссардтæ мæлæт!..» Ралæг и мадæн йæ иунæг, Уайтæккæ раци хæстон. «Хорз нæу!» — нæ дзы загъта иу лæг,— Кодта йæ хæхтæн цæсгом. Уый-иу куы рараст йæ зæххыл,— Хъ(уыст ныхас: «Хорз мадæн рæз!..» Фидыдта афтæ йæ бæхыл, Тахт цыма хохæй цæргæс! Хицæн уыд уымæн йæ цыд дæр, Хицæн уыд ноджы йæ дзырд! 13^Æвзаерст уацмыстæ. II т. 193
Гъемæ куы бахъуыд лæджысæр,— Райста хæцæнгæрзтæ цырд!— «Хъазтмæ нæ цæуыс дæ комæй!— Загътой Хæмыцæн йæ хъæу,— У нын сæрыстыр дæ номæй,— Фидар дæ урс хохау лæуу!» Лæппу нæуæндаг нæ уыди,— Уарзта йæ хæхтæ, йæ зæхх!— Фидар цы фæзы лæууыди, Уый-иу фæурс и, фæцъæх! Дур ын уыд, йе кæлдым-бандон, Уыд ын гобан та кæрдæг. Февзæрд-иу уый кастæй суадон, Уади сыгъдæгæй цæрдæг! Мады йæ писмоты фарста: «Цæй, ныр куыд цæуы уæ куыст?» — Дон æй йæ бынмæ нæ ласта, Сонт нæмыг буары нæ хызт... Дардмæ фæуади уый, дардмæ,— Айхъуысти дардмæ йæ кой!— Инæлæрттæ йын йæ мадмæ Кады писмотæ фыстой: «Мах дæу нæхи мад куы хонæм,— У нын дæ кой!дæр æххуыс! Стыр бузныг, ахæм хæстонæн Чи радта тых æмæ ныфс!» Бамидæг Одеры -фарсмæ, Не знæгты кодта бындзагъд!—
Мадмæ ныффыста Кавказмæ: «Фидар лæуу! Фендзыстæм тагъд!» Кадмæ уад не ’фсæддон, кадмæ!— «Размæ, цæй!»— хъуысти йæ дзырд. Сау хабар сыхъуысти мадмæ: «Цæхæры басыгъд дæ фырт!.. Зонæм, дæ зæрдæ кæй рисдзæн,— Батар хæстоныл йæ дуг!..» Гъемæ та аргæвста хистæн Иузаман хорз мад йæ хъуг! «Мардæн» йæ ингæн æркъахтой, Мадæн, дам, байсæфт йæ фырт! Адæм фæкуыдтой, ныссагътой Номдзыд салдатæн йæ цырт!— «Рухсаг у, хорз лæппу,— загътой,— Баххæст нын кодтай нæ дзырд!..» Чи, дам, ма радзурдзæн исты,— Хорз лæг нæ мæлы бынтон! Адæм æрбадтысты хисты Уыцы фæззыгон тыхст бон! Хистау нæ уыди, нæ, хист дæр,— Бацыди бирæты мæт!— «Рухсаг уæд!— расидти хистæр,— Уæд нын йæ бынат дзæнæт! Цины дæр æмæ тыхсты дæр Мысыд хæххон лæг йæ ком, Не ’ппæтæн уыд уый æфсымæр,— Скодта Фыдыбæстæн ном!..» Федтам кæугæ-ниугæ мады,— Устытæн се ’хсæн лæууыд. 195
Чи федта хи цæстæй «марды», Ахæм нæ хъæ|уы нæ уыд: Адæм цыдысты æрæгмæ,— Мадæн æмбæрстой йæ рыст!— Ие стыр сызгъæрин сынтæгмæ Хурзæрин хохæй ныххызт. Хъуысти кæйдæр кæуын дардæй,— Зæрдæйы бамбырд и маст!— Мах хъæумæ хох дæр æнкъардæй Саударæг усау ныккаст! Дардæй, хæстæгæй цыдысты Устытæ, ниудтой, куыдтой Мадæн йæ хъыджы,' йæ тыхсты — «Бафæраз!» — мадæн дзырдтой. «Ахæм у рæстæг!».— лæвæрдтой Дзыллæттæ уымæн æгъдау. Мадæн ныфсытæ æвæрдтой: «Мæнæ дын мах стæм фырттау!» — «Нæу, нæу мæнæн дæр æнцондæр,— Бабыи мæ дарæг кæмдæр!» Февзæрди хисты кæцондæр, Урс-урсид дардта йæ сæр. Фехъуыст кæйдæр ныхас: «Чи у? Чердыгæй февзæрд, цæмæн?» Хорзæхтæ къордæй йæ риуыл Стъалытау калдтой тæмæн! Чи хъæуы ацы хæстоцы? Уый туг дæр дард ран ныккалд!— Афтæ зынд бирæтæм,— зоны Тынг хорз Хæмыцæн йæ цард. 196
Комкоммæ кæртмæ фæраст и,— Уыд ныр йæ фæндаг [уæрæх, Адæммæ дисгæнгæ касти,— Не ’мбæрста хабар дзæбæх! Акаст фæйнæрдæм йæ кæрты: «Ам мын цæрынæн зæхх и!» — Базыдта бирæ кæйдæрты,— Нал зыдтой уымæн йæхи! Иу урс нæ уыди йæ сæры,— Тохмæ куы араст лæгау!— Ацарди хæсты цæхæры,— Нал зынд йæ сæрæй ныр сау! Загъта æппæтæн йæ кастæй: «Аурс и уайтагъд мæ сæр!— Арты ныууагътон мæ азтæй Иу-дæс, йе ноджы фылдæр!..» Хистæртæн бацыд сæ рæзты, Фынгмæ æрлæууыд хæстæг: «Чи амард ацы хъæубæсты?» — Афарста адæмы лæг. Радтой дзуапп «уазæгæн» адæм: «Аныгуылд мадæн йæ хур! Нал æрцыд йе ’фсæддон мадæн,— Ацу, йæ рыст ын фæсур!» Афарста номæй, мыггагæй,— Загътой: «Хæмыц хуынд йæ ном!» «Нал уыдтæн,— загъта,—ам рагæй, Нал федтон рагæй уæ ком! Ис мæнæн бирæ æмбæлттæ, Кусынц кæмдæрты, цæрынц. 197
Хорз лæгтыл арæх æмбæлттæн,— Никæм мыл амбæлд Хæмыц!..» Ракаст йæ хæдзарæй мад дæр, Ауад йæ хъустыл ныхас: «Тохы салдат цæры къаддæр, Ау, нал уа не ’мбал æгас?» Афарста афтæ кæйдæрты: «Чи уа, чи?.. Аурс йæ сæр!..» Ахъазыд цæстытыл, кæрты Саби куыд хъазыд кæддæр!.. Фыртæн йæ цардыл фæдзырдта, Й’- алы хъæзтытыл, гъестæй Ноджы хъæрдæрæй ныккуыдта: «Ничима раздæхт мæрдтæй! Ахæм уыд, ахæм йæ фыд дæр,— Мысын æй тынг дзæбæх æз!» — Акасти мадмæ йæ фырт дæр: «Цард ыл æруагъта йæ [уæз!..» Мады нæ тавта йæ хур дæр, Каст æм йæхи кастау мигъ!— Мады тæригъæдæй дур дæр Кодта нæ хъæу-уынджы дих! «Чи у, чи,— фарста,— цы дзуры?— Сбадæд, уыдзæни фæллад!» — Диссæгтæ! Уарзон хъæбулы Нал зыдта хи кæрты мад! Рæстæг салдатæй тых домдта,— Мад æй ысхуыдта зæронд!— Фендæрх(уызæнтæ йын кодта Къорд мæймæ сау хæст йæ конд1 198
Каст мад йæ ныллæг хæдзарæй, Сагъæс, хъуыдытыл фæци... Фырт та нæ хъæр кодта барæй Мадæн нырма уал йæхи! Загъта кæмæндæр цыдæртæ,— «Амондыл тагъдбон æмбæл!»— Бархæндæг фыртæн йæ зæрдæ, Цæстытæ дардтой уымæл! Кодта йæхинымæр дис дæр: «Ацы хъæубæстаг куы дæн!..» Зынд уый нæ хистæрæй хистæр, Зынд уый йæ фыдау фыдæн! «Макуы уæд, ма, кæрон цинтæн!» Не ’фсæддон знæгтæм хæцыд!— «Фенон Хæмыцæн йæ ингæн!» — Загъта Хæмыц æмæ цыд.л «О мæ мад, ма|уал мæл хурхæй!» — Фехъуыст Хæмыцæн йæ дзырд. Фидар дыууæ кусаг къухæй Стыдта йæхæдæг йæ цырт!.. «Нал мæлæм, нал кæуæм,— загъта,— Нал цæрæм тухи, фыдты! Знаг кæнæд хистытæ, мах та Баддзыстæм абон куывдты!..» Акаст йæ хъазæнбынатмæ, Хъарм-иу кæм уыд æмæ хъызт. Уæлмæрдæй рауад йæ мадмæ,— Мадæн йæ риуыл ныттыхст: «Ракæс, фæзындтæн Берлинæй, Сагъæстæ кодтон дæуыл!» — "* 199
Гъемæ ныййарæг фырцинæй Байдыдта кæрты кæуын! «Амæндтæ се ’ппæт дæхи сты!» — Загътой: «Дæ хæстон лæг у!— Бирæ фæкуыдтай дæ хисты, Цæй, ныр дæ куывды фæку!» Сау хох йæ мигьтæ фæсырдта,— Адæм сæхи цур уыдтой: Канд мад фырцинæй нæ куыдта,— Хицон, йæ хæстæг куыдтой! Мæй стылд, Зынд хохы цъупп урсæй. Дуне йæ хъæрæй ныхъхъус. Мады цæстытæн сæ рухсæй Хъарм изæр бонау ныррухс. Адæм сæ хæстон æмбалы Фарстой: «Куыд у ныр Берлин?» Хох, бæлае, мæй æмæ стъалы Кодтой лæджы циныл цин!.. Стъалыты бафтыдта дисыл Сау зæхх,— ныр нал сыгъди, нал!— Бафæндыд мæйы æрхизын Зæхмæ,— нæ йын уыд амал! Касти Хæмыцмæ йæ уарзон, Каст æм æнхъæлмæ дæр, каст!.. Базон, дам, ме ’нгасæй, базон,— Зæрдæ дæхицæн куы тарст!.. Раст цыма мæнæ чындзхасты,— Кæртæй фæндыры цагъд хъуыст. Чи никуы ракафыд хъазты, Кафынмæ уый дæр ма хызт.
Фенут, дам, хæхтæ дæр ивынц Ныр сæ конд, рухсмæ æрттивынц Уыцы фæтæхынæввонг!.. Афтæ зынд: хæхтæ дæр симынц,— Цонгыл æрхæцыди цонг!.. 201
ЗДЖЫДЫ ХÆЗНА (Рагон хабар) «Змæл тагъддæр, мæ хур! Мæ Ир мæ домы! .. Фæцæуын мæнæ ЭДæ уарзон комы. Фæлæппу та дæн Нæ хæхты цинæй, Сыгъдæг мæ кæнынц Кæддæры «хинæй». Фæхицæн ысты Сæ рагон хъыгæй,— Ныккастысты мæм Цыппарырдыгæй. Цæмæй йæ зонынц,— Хох химæ ласы, Мæхи бæрц уыдон Кæй ничи уарзы, Нырма сæ уындæй Кæй нæ бафсæстæн Нæ хæхтæн æмæ Нæ уæрæх фæхстæн!.. Æрæмысыдтæн Нæ шахтæйы цур Ызджыды хæзна,— Иæ диссаджы дур.
Нæ зæрæдтæ мын Фæныхас кодтой... Ныффыс, дам, ма йыл,— Бæргæ мæ дамдтой. ,..Тызмæг арв кодта Тыхджын гæрæхтæ,— Нынкъуысыдысты Нæ сау къæдзæхтæ. «Цы кæсут, хæхтæ, Æгæр æнкъардæй?» Æрцавта-иу сæ Иæ цæхæркардæй! Цæмæн фæмæсты? Цы нын сæ куырдта? Кæд «байгом кæнут Уæ къæбиц!» — дзырдта. Цыргъ сыл кæд кодта Арв й’ алмаси-кард, Ныррухс, дам, кæнон Мæгуыр лæджы цард! Нæ йын ащуывтой ’ Сæ кадджын сæртæй! Нæ фæтарстысты Иæ тыхджын хъæртæй! Хи фарстой адæм Хæххон хъæубæсты: «Арв абон махмæ Цæмæн фæмæсты? Куы йын радзурæм Нæ сыгъдæг фæндтæ,;
Мах уымæй курæм Уæд стыр бæркæдтæ! — Уый зæхх айвæзта Иæ даргъ къабæзтæ Ызджыды комы Иæ фынты фæстæ!.. Уый хох байдыдта Бынмæ лæбырын Къæвдайы фæстæ Хæххон мæгуырыл!..» Уæд фемдзаст ысты Нæ хæххон адæм Ныййарæг хæхты Егъау цъынатæм... Фæкастысты дын Уæд сау хохырдæм, Рæхснæг нæзыты Рæсугъд къохырдæм. Рагъ фескъуыдтæ ис,— Цы, дам, нын кæны?— Ныххауæн февзæрд Нæ уыгæрдæны,. Мæкъуылыйас дур Нæ хохæй ратылд Ызджыды коммæ, Уый диссаг разынд... Куы йыл байдыдтой Цыдæртæ дзурын.>. Нæ йæ’нымадтой Х(уымфтæг дурыл...
Уый дард хохæй дæр Бæрæг куы дардта, Æхсæвон арвау Тæмæнтæ калдта... «Цы йын бакæнæм?— Кæм æй бамбæхсæм?— Цъынайыйас у,— Куыд æй ахæссæм? Нæ баззайдзæнис Æнæ бæрæгæй!— Нымбæрзæм ма йæ Нæ цъæх кæрдæгæй!» Куы, дам, нын райста Ызджыдон цæрæг Йæ тыхджын къухтæм Ысхъæлфындз цæвæг... Нæ хæххон хæзна Нæ къæдзæхты ’хсæн Фæзынди комы Цъынайы хуызæн... «Кæцондæр нын æй Цæмæн асайа?— Хæххон æвзæрæй Цæмæн аззайа? Ыссарæнт-ма йæ Ныр бельгийæгтæ!— Ис ацы хæхты Хъæбатыр лæгтæ!» Нæ фæллойгæнæг Дюкенæй* тарсти,— * Д ю к е н — бельгийаг капиталист. 205
Дæлæмæ арæх Уый уымæн касти... «Цæмæй дзы тæрсæм Æниу, æмбæлттæ!.. Гæрзтæй дæр не стæм Бынтон æдзæттæ!.. Иæ фистæг адæм Уæлæрдыгæй уæнт, Иæ бæхджынтæ та Бынæй ыссæуæнт!» Цы ранæй фæтылд Дур лакъон донмæ, Уый тынг æрттывта Мæгуыр хæххонмæ. Куы нын равдыста Иæ камари рон Нæ фæндаггæттæм Фескъæвда хурбон. Куы нын бафтыдта Уый цины бæсты Хæххон цæрджыты Егъау сагъæстыл... О, рахуыдтой йæ Сызгъæрин хъама... Цы, дам, бакæнæм Ныр амæн та ма? Хъуыдыджын ысси Нæ уарзон кæстæр...
Хъуыдытæ кодтой Нæ успуртæ дæр... Хъуыдытæ кодтой Нæ сылгойм(æгтæ, Чындздзон чызджытæ,— Нæхи коймæгтæ. «Цы ’рхъуыды кæнæм, Цы бачындæуа? Нæхи амæттаг Цы хуызы фæуа?..» Хæххон адæм æй Уæд хурырдыгæй Дзæбæх айсæрстой Уым бур æлыгæй. Нæ бады иуран Дзæнгæдацæгъдæг!— Уый уыцы бон та Бынтон фæцæрдæг. Дюкены хъусы Цытæ бацагъта? Уый махæн хохаг Зæронд лæг загъта: «Ис ахæм къæдзæх, Бынтон æввахс у... Ис ахæм дур дæр,— Цъынайыйас у. Æмбисонд дур у... Хуызæй бæрæг у, Уый де ’мхуызæтты Хъæздыггæнæг у. 207
Куы мæ бацыдис Ныр уыцы сагъæс... Цом, сисдзыстæм ын Иæ кæрдæг-дарæс...» Фæхъæлдзæг ысты, Фæфæтæнтæ сты Дюкены дыууæ Æнаив цæсты. Каст бельгийаг лæг Нæ дуры асмæ, Кæрдоджын донæн Иæ тæккæ фарсмæ... Дыкъахыг сырдæн Нæ дуры бакаст Фæрæвдздæр кодта Иæ уæнгты ахаст. Кæрæф Дюкенæн Нæ хъæздыг кæмттæ Æруайын кодтой Иæ комыдæттæ. Уыдысты йемæ Иæ фæсдзæуинтæ, Нымадтой худгæ Сæ бирæ минтæ,.. Фæлæ нæ хъæумæ Фæдисон уади, Иæ зын фæндагæй Нæ бафæллади. Тагъд уыйау хохы Лæг никуы згъордта...
Цæгæрайы фырт Фæхабар кодта: «Дюкены бирæгъ Сымах рахуыдтат!.. Хорз нæу, æмбæлттæ, Нæ дуры хъуыддаг!— Æнæуынон æй Сæттынмæ хъавы, Нæ хæзнатæ нын Æргомæй давы». Цæмæн æфхæры Мæгуыр хæххоны?— Æви, миййаг, мах Лæгтæ нæ хоны? Нæ хæххон хъæуы Нæ мæгуыр адæм Æвнæлдтой уынгты Сæ цыргъ хъаматæм!.. Зындысты фахсæй Нæ фæдисонтæ: «Цы кæныс, Дюкен, Цæмæн ыссонт дæ? Нæ фыдæлтæ дæ Куы ницы дардтой, Дæ фыдæлты дын Нæ бахъыгдардтой! Нæ куырæттæм нын Уæддæр æрбакæс,— Мæгуыргомау у Нæ уæлæдарæс... 14 Æвзæрст уацмыстæ. II т.
Нæ сывæллæттæн Сæ бæгънæг фæрстæ Кæд сауæй зынынц Бæлццоны цæстмæ! Урс дзул хæрын сæ Бæргæ фæфæнды!— Мæнæу нæ зайы Нæ сæрсæфæнты! Нæ зæхх гæвзыкк у Нæ хохрæбынты, Æфсæдæм дзулæй Нæ бирæ фынты!.. Фæлæ нæ мæгуыр Æфхæрд бæстаджы Фæуид кæд амонд Иæ хæхты руаджы! Хæзнаты бæрзонд Æмбисонд кæри Кæд ацы хох у!— Нæма фæхъæри!..» Дюкен сæм бахудт,— Æгас, дам, цæуат,— «Мæсты мæм хъуамæ Цæмæ гæсгæ |уат! Уæ хъаматæ мæм Цæмæн æвдисут? Мæ фæлмæн къух мын Цæуылнæ исут!» Нæма равдыста Кæ’цондæр бæстаг 210
Хырхы дæндагау Иæ бирæгъ-дæндаг! «Уæ бæрзонд хох мæ Дзæбæх рæвдауы, Уæ хохы фæрстæй Хæзнатæ хауы». Куы, дам, уат махæн Ам коммæгæстæ,— Фæрныг уыдзæни Уæ хæххои бæстæ... Нæ къæдзæхтæ нын Куы ранымадта: «Аренды нын сæ Уæ паддзах радта! Цæмæн загъд кæнут!— Уæ хылы бæсты Хи скадджын кæнут Дюкены цæсты! Ныррухс кæндзыстæм Мах ацы фæхстæ!— Æрбаласдзыстæм Мах алы хæрзтæ!... Нæ бауарздзыстæм Мах хивæнд лæджы, Æгоммæгæсы, Ие ’загъдгæнæджы!..» Нæ хæххон адæм,— Нæ сахъ цæргæстæ Куы разындысты Æгоммæгæстæ!.* 211
Æрлæууыдысты Дюкены фарсмæ, Æрбайхъус, дам, ма Нæ раст ныхасмæ... Æгъуызары фырт Иæ риу æвдыста, Æндонау, дам, æй Фыдбон ныхсыста!.. Нæхи хæхтæ сты Ам ацы хæхтæ, Сæ ирд цъуппытæ, Сæ рæсугъд «сæргътæ». Хъус не ’хсæрдзæнтæм, Куыд рæсугъд зарынц!— Уæлхох быдыртæ Цъæх-цъæхид дарынц... йæ лулæ дымы Хæххоны хæдзар, Цытджын нæм вæййы Хæххоны хæлар. Æмбалы хоны Лæг йе стырдæр ныфс, Ды та нæм, Дюкен, Тызмæг каст кæныс!..» Дюкены мнтæй Куы ницы рауад... Цъæх бирæгъ фсстад Уым уыцы сахат... Иæ фæрмæстæй нын Цъæх пиллон уагьта,
Мæ фарс, дам, хæцы Уæ паддзах, загъта. «Ныффысдзынæн æм Уæ миты тыххæй... Цæмæн мæм дзурут Æгæр къæйныхæй!.. Цæмæн |уæ фæнды Сыбырмæ цæуын?— Арт бандзардзыстæм Мах ацы хъæуыл!..» Хъæбæр дзуапп радтой Нæ хæххон адæм: «Зон, ацы хæхты Мах фидар бадæм!.. Нæ паддзахы та Ам ничи уарзы,— Уый доны бæсты Нæ сау туг нуазы! Нæ диссаг хæзна Сæрæн хæххонæй Ды н’ атондзынæ Бынтон æицонæй! Ис ноджыдæр ма Ам ахæм дуртæ... Хæзна кæм хуыссы, Ис ахæм къ|ултæ...» «Цы уын сыл раттон?» — Куы сæ бафарста... Нæ сæ фæбузныг, Нæ сæ бауарзта!.* 213
«Цы ныхъхъус ыстут?— Цæуылнæ дзурут?— Уæхицæн исты Цæуылнæ курут?» Куы бакастысты Сæ кæрæдзимæ, Æрныхас кодтой Æнæ рæдийгæ... Нæ иуæй-иутæ Сызгъæрин куырдтой, Нæ иннæтæ та Хъуымацыл дзырдтой... Хæдойнæгтыл, дам, Нæ сывæллæттæн Мах не стыр хæзна Цæуылнæ дæттæм. Нæ чындздзон чызгæн Чындздзоны фæлыст... Дзæбæх цырыХъхъæй Кæй къах, дам, фæрыст... Уæд къабайæгтæ Нæ ныййарджытæн, Фæсмын цухъхъатæ Нæ сахъ барджытæн... Æфсæст уыдзыстæм Уæд царды хурæй... Цы кæнæм, уæдæ, Мах ацы дурæй. Ныууæй йæ кæнæм, Иæ хицау куы стæм,—
Хæргæ миййаг зей Куынæ кæндзыстæм!..» Каст хохаг цæрæг Хъуыдытæгæнгæ Иæ къæхты бынмæ, Цы курон, зæгъгæ... Нæ хистæр сыстад Иæ цъæх бадæнæй, Хатыр ракуыдта Уый хорз адæмæй. Хъæу кадджын лæгæй Уый рагæй зыдтой,— Цæгæратæй (уыд, Елхъан æй хуыдтой. Куы нын ыскастис Иæ хохы митмæ, Куы нын адаудта Йæ даргъ рихитæ... Дзæбæх æм хъуыстой,— Æцæг сын дзырдта: «Мах ацы хæхтæм Чингиз фæсырдта! Æгæр рыст уыди Лæг уыцы дугæй!— Дур ахуырст уыди Ироны тугæйК. Ды ма ’нхъæл, Дюкеи,— Æнæуынон лæг,— Нæй хохаг лæгæн Ам феххуысгæнæг. 215
Уырыссаг лæг у, Нæ хорз æфсымæр Нæ цины сахат, Тыхст заманты дæр! Мах бузныг ыстæм Уырыссаг лæгæй — Æнæхин æмæ Фæллойгæнæгæй!.. Фыд-заманты мæм йæ къух лæвæрдта!— «Лæуу фидар, ме ’мбал!»— Ныфс мын æвæрдта... Цæмæн нæ хъæуынц Уæ сызгъæринтæ, Уæ сицæ хъуымац, Уæ бирæ хинтæ!.. Бон ралæудзæни, Мигъ нал уындзыстæм!— Нæ цард аразæг Ам мах уыдзыстæм! Дон фурдмæ уайы, Тагъд йе змис хæсгæ, Дур ам баззайы Кæд доны фæстæ!.. Тыхджын дымгæтæй Бæлæстæ тасынц! Къæвдайы дæттæ Бырæттæ ласынц!» — Мæстджынæй дзырдта Нæ хорз ызджыдон,—
Нæ дзы рох кодта Иæ бирæ фыдбон!— Мæнæн, дам, кодта Мæ буц ныййарæг Мæйдар æхсæвты Æрхæндæг зарæг. «Бæргæ хорз ысты Хæдойнæгтæ дæр,— Хи саразиккой Мæ коймæгтæ дæр!.. Тæригъæддæгтæ — Нæ сывæллæттæ! — Сты буц кæнинаг Нæ хорз зæрæдтæ...» Ныккастысты йæм Нæ фæдисонтæ: «Цытæ уыдзысты Иæ хорз фæндонтæ!.. Цы йын зæгъдзæни? Цы нын ракурдзæн? Æви Дюкены Нæ комæй сурдзæн?..» Дюкенырдæм нын Хъæбæрæй дзырдта!.. Йæ хъæуккæгтæм та Иæ цæст ныкъуылдта... Хæларзæрдæ лæг Рæстытæ дзырдта,— Чъынды лæгæй нын УыЙ скъола куырдта: 217
«Дынджыр скъола нын Куы саразиккат, Нæ хæхты хæзна Уæд аласиккат! Уæ сызгъæринтæ Мæ хæххон хъæуы Нæ бакомдзысты,— Мах скъола хъæуы! Нæ хохаг сайын Цæмæй нал кома,— Уадз, мах коймагæн Инженер ном уа! Мах баззадыстæм Æнахуыргæндтæй! Лæгтæ ^рауайа Нæ сывæллæттæй...» Нæ кадджын хистæр Дюкенмæ касти!.. Бельгийаг хин лæг Иронæй тарсти!.. Иæхинымæр нын Хъуыдытæ кодта: «Цы дзуапп сын раттон Ам ацы бон та? Куыд хъуамæ уайой Ам не скъолатæм Нæхи аххосæй Фæстæзад адæм? Нæ фыдмитæ нын Куы бамбардзысты,
Нæ бынæттæй нæ %ы раппардзысты! Ысуыдзысты нын Æгоммæгæстæ!..» Йæ фæндон загъта Минуты фæстæ: «Нæ хъæуы дзурын Ам канд махимæ... Æрныхас кæнон Уæ паддзахимæ! Кæсы мæм афтæ, Сымахыл тыхсы!— Æхсæв дæр, бон дæр Сымах фæмысы. Цæуыднæ цæрæм Кæрæдзи уарзгæ? Нæу ацы хъуыддаг Мæнæй аразгæ...» «Мах скъола хъæуы! ОДах скъола хъæуы!» Дзырд нал æнцади Нæ хæххон хъæуы!.. * * * Дюкенæй адæм Нæ фæтарстысты!.. Нæ коммæ рагъæй Цæмæ кастысты? Цæмæ кастысты Уый афтæ джихæй 219
Сæ уарзон коммаё Сæ бæрзонд тигъæй? Куы фæзындысты Æртыты хуызæи Сырх тырысатæ Нæ къæдзæхты ’хсæн!.. Нæ фыдæлты ком Цы ран фæнарæг, Ныннæрыди нын Уым тохы зарæг... Бæхджынтæ уади Нæ Садонгомæй Фæдисы цыма, Бынтон æнгомæй... Цы хабар, дам, у,— «Цы бæрæгбон уа Уый мах адæмæн?— Чи, чи йæ зона?..» Æртыццæг, дам, у Хуымæтæджы бон,— «Куыд нæ йæ зоныс, Мæгуыр ызджыдон...» Уый барæг уади Хæрзæггурæггаг, Æрыгои лæпцу, Хъæбатыр лæггаг. Цæргæсау тахти Йæ гуырæн бæстæм, Сæ фæздæг калди Иæ б’æхы фæрстæн...
Æппæлгæ кодта йæ хъæздыг зæххæй... Æргæпп нын ласта Йæ дымгæ-бæхæй. Р1æ рахиз къухы Уый ног ехс дардта, Нæ буц хистæртæн Æгъдау куы радта... «Цы ныл æрцыди, Æгъуызары фырт? Цы хабар дæм н?— Кæй хур аныгуылд?» — «Хъæргæнæг, миййаг, Нæ дæн, æмбæлттæ!— Кæрон æрцыди Нæ фыдæбæттæн! Ам ацы хæхты Нырæй фæстæмæ Рæсугъд х|ур кæсдзæн Лæджы зæрдæмæ! Ныр кусæг адæм Æнæмаст сысты!..» Циу, циу, зæгъгæ йæм Куы ныккастысты!.. Æппæт хъæу дæр нын Кæд йердæм бырстой... Фæйнæрдыгæй йæм Лæмбынæг хъуыстон. Чи ’нцайгæ кодта Иæ цым лæдзæгыл, 221
Чи ;рбадон эагъ’га Нæ цъæх кæрдæгыЛ. Нæ мадæлтæ та Сæ чысыл хурты Сæ цæнгтыл дардтой — Сæ буц хъæб,улты. О, худгæ кодтой Йæ дыууæ цæсты Нæ лæппулæгæи Кæуыны бæсты. Худт уарзон барæг,— Иæ хæхтæ уарзта... «Фæллойгæнæг нын Йæ бартæ райста!.. Нæй цард, нæ хæхтæ, Æнæ сымахæй!... Хуыздæр нын уыдзæн Æнæ паддзахæй!.. Ис хорз адæймаг»,— Куы, дам, æй фенин!— «Уый царддæттæг у,— Хъæбатыр Ленин!.. Йæ коймæ барухс Нæ фыдæлты зæхх! Иæ дзырдæй ныррызт Кæд ацы къæдзæх!..» Сæрæн лæппу дæ, «Лæг дæ» йын дзырдтой,— Сæ фырдинæй йæ Фæцæйныхъуырдтой...
Кæй, дам, нæм фæдæ Хæрзæггурæггаг, Зон, уьш тыххæй дын Ис нард кусæрттаг! Нæ хистæртæ йын Хъæбыстæ кодтой, Нæ мадæлтæ та Иæ рынтæ хордтой... Йæ хабæрттæм ын Дюкен дæр хъуыста, Йæ ныхæстæ йын Дзæбæх фæфыста... О, ничиуал тарст Дюкены кастæй!— Йæхæдæг барызт Йæ судзгæмастæй! Сæргуыбыр æмæ Уæнтæхъилæй нын Куы бамидæги Нæ комы рæбын. Æрбадæлдзæхи Дюкены мæнгард... Фæхъæлдзæгдæри Хæххон лæджы цард!.. Нæ хистæр загъта Иæ буц кæстæртæн: «Ныр ацы коймаг Рæсугъдæй цæрдзæн! Ныр хæхты хицау Нæхуыдтæг ыстæм,
Уынаффæ дæр сын Ныр мах кæндзыстæм! Цæуылнæ худат, Ца^уылнæ хъазат,— Ызджыды хæзна Нæхицæн баззад! Бон хъуамæ боны Хуыздæрмæ ива, Цард ацы дурау Цæмæй æрттива! Нæ хорз дзыллæтæн, Нæ фыдыбæстæн Нырæй фæстæмæ Уый амонд хæсдзæн! Цом ныр, фæсивæд, Куывд уын саразон, Уæ цæрæнбонты Тыххæй та нуазон!..»
ГÆХХÆТТ РАЗЫНД СÆРЫ КЪУЫДЫРЫ (Балладæ) Арын дзы Дзайттаты Маирбийы ном Нæ фæллад йæ куыстæй бульдозер тæвд бон Нæ уæрæх цъæх-цъæхид быдыры. Сæры къуыдыр раппæрста зæххæй «æндон», Гæххæтт разынд сæры къуыдыры... Хъæбатырæй тархъæдты не ’фсæддон цард, Сыгъд артау йæ риуы йæ зæрдæ... Куы кастысты адæм, уыдысты æнкъард, Æруагътой сæ риутыл сæ сæртæ... Æфсæддои лæг уыди, нæ хъæдты хæцыд, Æнаккæгты бирæгай маргæ. Кавказæй ирон лæппу ардæм фæцыд, Æнæвгъау йæ бирæ туг калгæ... Сæрæн партизан уыд!.. Иæ хорзы кой хъуыст... «Цы сарæзтам хорзæй ныр мах та?!» — Æвдыста нæ гæххæтт æппæтмæ йæ фыст, Цыма уый «кæсут-ма мæ»,— загъта. О, алкæмæй айрох йæ куыст дæр æваст, Сæ худтæ йын систой сæ сæртæй... Æрбадти лæг дурыл, хæстоны фыст каст, Йæ цæстысыг калди гæр-гæрæй... «Уыдтæн æз цæрынхъуаг, |уыдтæн æз хæстон . Мæ ныййар&т мадæн — мæ бæстæн. |5 Æвзæрст уацмыс1æ. II т. 225
Куы ралæууыд афон, куы скодта фыдбон, Уæд райстон мæ къухтæм мæ гæрзтæ. Фæрæзтон фыдбонтæн, нæ мын уыд гæнæн, Куы мын-иу æнтæф уыд, куы |уазал. Æрмæст цагъд нæ фесты лæгсырдтæ мæнæн, Сты бирæ нæ зæххыл нырма уал... Мæнæн ис æмбæлттæ, куы фæзмæлынц тагъд,— Æгуыдзæг, тæппудтæ куы не сты. Фæуыдзысты уыдон хъæддаг сырдты цагъд Нæ кадæн рæхджын бон мæ бæсты. Ныр чи бада хъуамæ æдыхстæй æнцад... Фæхудын мæхæдæг æвзæрыл. Мæсты уыд мæ нæмыг, йæ нысаныл уад... Ныр акодта саубон мæ сæрыл. Мæ зындоны мæнæ куы бадын, тыхсын, Æвзæр у ныртæккæ мæ уавæр. Мæ фæндон, мæ хъуыдытæ тагъд-тагъд фыссын,— Фæци мын æххуысгæнæг ам дæр. Мæ хъуыддаг, мæ «куы’стыл» нæ кæнын фæсмон.— Уæ партизан иуран кæд нал бадт.— Зæгъдзынæн æз райсом мæ зæххæн хæрзбон, Уындзынæн мæ хуры фæстаг хатт. Æрлæууыд мæ зæрдыл Ирыстон, мæ хох, Мæ салам сæм дардæй фæтæхæд. Нæ уыдзæн мæ ингæн кæмæйдæрты рох,— Мæрдтæй уæм æрцæудзæн мæ гæххæтт. Ды дæр, нана, базон, æфсæддон цард циу,— Дæ хъæбысы абон нæ бадын. Дæ саутæ-иу ма скæ дæ уæлæ, загъ-иу: «Мæ лæппу дæр уыцы ран бабын.
Нæ бамбæх^ фыдафон фæсаууон мæ фьфф,— Цæфтæ-иу мæ иунæгыл уадис, Нæ бакомдзæн акалын уадæн йæ цырт, Иæ ном цыртæн хонынц Уæлахиз!..» Мæлæт та кæй нæ кæны абон тæрсын!— Нæма кастæн ам æз æдасмæ. Куы-иу уа сымахæн уæ хъуыддæгты зын,— Лæудзынæн æз алкæм уæ фарсмæ... Мæрдтæй дæр кæндзынæн мæ хъуыддаг æххæст, Цæудзынæн æххуысмæ нанамæ. Уæ куывдты дæр баддзынæн уе ’хсæн, æрмæст Мæ ныхас нæ фехъусат хъуамæг. Цæрын мæ цæй тынг фæнды! Нæй мын гæнæн. Хæстæгæй мæлæты сидт хъуысы. Ныффыссут-иу афтæ мæ цыртыл мæнæн: «Ам мæнæ æфсæддон куы хуыссы,...» Йæ къамæй цæринагмæ худдзæни фырт, Цæудзысты-иу адæм мæ рæзты... Дзæнхъа дурæй сараз дæ хъæбулæн цырт, Лæудзæн уый æнустæм мæ бæсты...» Фæци каст нæ кæсæг хæстонæн йæ фыст, Иæ цæстысыг калгæ, тыхсгæйæ. Йæ бынатæй сыстад, йæ зæрдæ куы рыст Æфсæддоны тухи мысгæйæ. «Нæ зæххыл Æрфæнау ныууагътай ды фæд...» Йæ ингæн ын донбыл æркъахтой... Æрцыди хъæбатыр дыккаг хатт ныгæд, «Хуысс сабыр æнустæм,— ын загътой.— Ды кадимæ цардтæ, дæуæн нæй мæлæт,— Æппæт дуне касти салдатмæ!» 227
Куы райста нæ хйстæр йæ къухмæ гæххæтт, Ныффыста партизаны мадмæ: «Кæнæм дын мах арфæ, нæ писмо кæс, цæй, Хъæбатыр хæстоны ныййарæг. Сæм бузныг, ирон мад, мах не ’ппæт дæ(уæй,— Ды зарыдтæ уымæн дæ зарæг. Ды цингæнгæ кастæ, куыд æй скъæфта бæх Ирыстоны, урс хæхты фарсмæ. Ды йæм сидтæ иухатт, куыд уарза нæ зæхх, Куыд бырса уæлахизмæ размæ. Фыдыбæстæн скодта дæ лæппу цæсгом, Нæ райрæзт дæ цонгыл дзæгъæлы. Дæ фæдзæхст-иу дардта йæ зæрдыл хæстон Æнæуынон хæсты цæхæры... Уый хæцæны арæх дæу кодта хъуыды, Дæ бахудт-иу мысыд, дæ ракаст... Ныхъхъæбыс ын кодтай, æвæццæгæн, ды, Дзырдтай ма йæ фæстæ: «Фæндараст!..» «Хæрзбон уал,— дын загъта,— æз абон цæуын, Ныффæраз фыдæбæттæн, курын... Стæй байдыдтай сусæгæй уаты кæуын,— Кæм ма бадт дæ иунæг дæ цуры... Нæ кæсæгæн нал хъуыст йæ фæйнæварс хъæр, Цъиу нал зарыд, дымгæ нæ дымдта... Куы фыста нæ хистæр, йæ цуры кæстæр: «Мæ хъуыды дæр афысс»,— куы дзырдта... Фыста уый æнкъардæй, фыста уый сындæг Ирыстонмæ сахъ лæджы номыл: 228
«Нæ сæртæй дын кувæм, сæрæй мад, йьшлæг, Хъæбатырты чи кодта хъомыл. йæхи бæсты баззад нæ зæххыл йæ кад»,— Фыста дарддæр афтæ нæ хистæр.— «Æрбад-иу, æрбад-иу дæ уаты æнцад, Фæлæ-иу, фæлæ-иу кæн цин дæр. Хъуыды кодта алкæм дæ лæппу дæ сæр, Риу фидарæй хаста |уый размæ. Нæ разынд фыдафон дæ лæппу æвзæр... Уый никуыуал сбаддзæн дæ фарсмæ... Фæлæ уæд æгасыл уый не ’хсæн нымад,— Иæ кæстæр ын йе стыр ном мысы. Нæ зæхх у дæ фыртæн ныртæккæ йæ мад,— Кæнæд фынæй уый хъарм хъæбысы. Нæ рæстæджы хъуамæ ды иунæг куыд уай, Куыд кæнай нæ зæрдæтæй хицæн. Хъæбатыр мад, курæм, нымай мах, нымай, Ды уарзон хъæбултыл дæхицæн...» Фæци фыст нæ хистæр, цæйбæрц уыд йæ маст! Иæ бадæнæй сыстад фæлладæй. Нæ кусджытæй алчидæр зæхмæ ныккаст Сæргуыбырæй æмæ æнкъардæй... 1966 229
в/ЁЛЦЦбН Бæдоаты Хъазыбегæн Йæ сых ма кæм зыдтой нæ урссæр ироны,— Цы кæмтты фæхатти, цы хæхтыл фæзылд... Йæ кæттаг хæлафы, йæ голлаг хæдоны Уый райсомæй рагацау дардæй фæзьшд... Р1æ хæдзары фендæй йæ рыстзæрдæ ради, Фырцинæй йæ цæстысыг донау æркалд, Иæ цæстысыг рустыл æнæрынцой уади, Ныффыста сыл афтæ: «Цæй зынаргъ у цард!..» Иæ зонгæ зæронд лæг йæ афарста: «Чи дæ? Цæстæй тынг хорз нал дæн, æруай-ма хæстæг...» Бæлццонмæ лæбурдтой фæйнæрдыгæй куитæ, Фæлæ дардта къухы æмбалæн лæдзæг. Бæлæттæ куы тахтысты уымæн йæ сæрты. Кæмæдæр чындзхаст уыд,— хъуыст галуанæй цагъд... Иæхй фырт куы фембæлд бæлццоныл йæ кæрты, «Кæй лæппу дæ?» — афтæ йæ афарста тагъд. «Æнæнизæй рæзут, мæ зынаргъ кæстæртæ...» Фæлæ йæм йæхи фырт æдзынæг ныккаст... «Студент дæн,— сдзырдта,— æз уым цæрын уæртæ, Мæ фыд æрцыд дардмæ æнаххосæй хаст. Æнцон ын нæ уыдзæнис уазал быдырты, Хæссын та куыд фæразы уыйбæрц йæ маст!..» О, диссаг, фыд нал зыдта иухатт йæ фырты! Фырт джихæй, æна^ууæнкæй фыдмæ ныккаст!.. 230
Лæууыдис нæ лæппу йæ фæллад фыды цур. Тæригъæд ын кодта: «Æрбад уал æнцад...» Фырт афтæ æнхъæлдта, фæзынд æм мæгуыргур,— Цæрдæг ын кæрдзыны къæбæрмæ фæуад. «Айс, ахæр, уынын æй, кæй нæ дæ ды бонджын, Æдзæллаг — дæ бакаст, хæрз сындæг — дæ цыд...»- «Нæ дæн æз мæгуыргур, лæппу, нæу мын стонджы, Æз дардæй цæуæг дæн!— æнцад загъта фыд.— Лæппу, афтæ ма ’нхъæл,— бынтондæр æдых дæн, Уæд абон дæ цуры нæ лæууин, |уый зон. Ныффæрæзтон бирæ æгъатыр тымыгътæн, Фæдæ цæрын нал уыд æнæ хох мæ бон!.. Кæсын æз дæ митæм, дæ уагмæ, дæ цыдмæ, Дæ ныхас мæ зæрдæмæ тынг арф ныххызт. Бæллын æз дæ мадмæ, бæллын æз дæ фыдмæ,— Сæ лæппумæ хъары мæгуырæн йæ рыст...» Калд уарзон хæдзарæй къæдз-мæдзы цъæх фæздæг. Нæ зæронд лæг загъта: «Нæй цардæн фæуæн!»— Иæ хъæбулмæ бакаст:—Дæуæн циу, дæ рæстæг, Дæ фадат æндæр у, ис рæзæн дæуæн...» ’Фыд хъуыста йæ хъæбулы ’мбаргæ ныхæстæм, Æхсайдта йæ зæрдæ... Æнцад загъта лæг: «Куы баззад мæнæн дæр ам саби мæ фæстæ, Æрмæст уый кæм рæзв1, нæ мын у бæрæг...» Нæ бæлццон нæ кæстæрты хæстæ нымадта... «Зындзæнис дæ фыд дæр, нæ хъæуы тыхсын!.. 231
Зæгъ-ма мын,— фыд загъта,— кæм ис |уæд дæ мад та? Уын бирæ цæмæн уарза хъуамæ хуыссын?..» «Æз фаутæ нæ хæссын æппындæр мæ мадмæ, Сæрæн у, уæндаг у, хæрзæгъдау, æмбар. Мæ нана мæ фыдмæ куы фæцыдис дардмæ, Дыккаг мæй ныр уымæй нæма ис лабар...» «Куыд цæрут, куыд кусут? Уæ сыхæгтæ чи сты?» — Куы байдыдта дардыл фыд фырты фæрсын... «Тæрсын æз, куы ’рцæуа мæ нанайыл исты,— Йæ зæрдæйæ байдыдта арæх хъæрзын... Фæлæ сæ хъус дардтой уæддæр махмæ адæм, Сыхаг нæм-иу феххуыс кæнынмæ æруад... Мæ фыд ма цуы ’рцæуид йæ зындонæй ардæм, Уæд адзæбæх уаид йæ уындæй мæ мад». «Лæуу фидар!» — фырт хъуыста йæ фыды ныхасмæ,— Дæ баба дæхийау æнцонты нæ рæзт...» Фыд сисыл фæцæйхауд йæ дуары цур размæ, Фæлæ йыл тыхджын къухтæй сахъ фырт фæхæст. «Лæуу фидар, зæронд лæг, цæй, бандон дын раттон, Æрбад уал ам мæнæ, куы разылд дæ сæр...» Фыд кастис йæ фыртмæ: «Кæддæр афтæ дардтон Мæ цæрдæг лæппуйы мæ цæнгтыл æз дæр...» 23?
УАРЗОН ХУЫМГÆНÆГ Фæдзурынц, куыстмондаг уыд уыцы хуымгæнæг, Уыд бонзонгæ, (уарзон, æргомдзырд, хуымæтæг, Иæ бахудт фæлмæн уыд, йæ ныхас — æхсызгон. Уыд урс гæххæтт уымæн хуымгæндау æрвылбон. Иæ гæххæттыл рæнхъытæ тынг хорз зындысты, Сæ нæмттæ та ауæдзтæ хъуамæ хуындысты. Мыггæгтæ — хъуыдытæ сæм къухæй æппæрста, Кæй зайдзысты (уыдон, уый тынг хорз æмбæрста. Зындысты йæм гонтæ рæсугъд æмæ дзагæй, Зындис æм бæркæдтæ, йæ зæрдæ сæ ради... Иæ бирæ хъуыдытæй,— Иттæг хорз мыггагæй,— Сæрдыгон цы диссаджы тыллæг æрзади!.. *233
ЧИ ДÆН? Фыцы, æнхъизы арф денджыз, цъæх денджыз, Кæнынц уым абон сонт уылæнтæ ерыс. Хæссынц сæ наутæ,— тынг уæззау æргъом... Æз адæм схонин денджызæн йæ ном. Æз хорз денджызмæ дард ранæй æртахтæн, Цæмæй мын хурмæ айсæфа мæ тыхст. Нæ дæн æз денджыз,— Денджызы æртах дæн, Кæны æртах та алы хатт йæ куыст. 1967
СÆРГÆНДТÆ 3 4 6 8 9 13 15 17 19 20 22 23 25 26 28 30 31 33 34 35 36 37 38 39 40 42 | Хохы фарсыл фыст Цырт Мæскуымæ Ленинмæ Зæгъ-ма нын Хæххон хъæуы Уыцы аз Цæй æмæ азарон! Поэт Мад æмæ йæ сывæллон Мæ дзыцца Мæ хъæу Æз дæу мысын, дæу, Ирыстон Куывта хæххон Мад æмæ саби Нæртон лæг Æгъдау Садонгом «Æз тыхджын дæн!..» Дур æмæ доны уылæнтæ Бирæ—й’ амонд Ирæн Къазыбеджы урс саргъ Сызгъæрин бæлæттæ Джызæлдон Зæгъут-ма мын, азтæ Ауз мæ, денджыз, цæй, ауз! Май æрхæццæ! 235
Арв та зæхмæ смæсты Нырма уал коммæ мит нæ уæнды Зымæг сау хæхтæй æркаст Уæлладжыры комы Мæ хъæуæн Хъамбердиаты Мысостæн Кæсынц мæм афонмæ æнхъæлмæ Уайæм литературон изæрмæ Зары цъиу къуыззиттæй Иры зæрæдтæн Мæ зынаргъ фысым Æрзадтæ хъал Теркæн йæ фарсмæ ’Ходы цæрджытæн Мæ фыд Фæцæуын хохмæ Нанайæн Нары хъæуæн Къоста — Ирыстоны зынаргъ лæг Тархъæды лæвар Æз æмæ Гæбудзайы фырт Хæххон лæг Джино Дæн скъоладзау ныр дæр ма Мæ гобан арф фæлмæн кæрдæг у Булæмæргъы зарджытæ 1Хохы цъуппыл Нæ тæрсынц хæхтæ а райсом цæстдзыдæй Колхозон сæрдар Ставд нартхор Æфсир æмæ суадон Къабуска Халон Шахтеры зарæг Мæ фыды куыстытæ Цæлхытæ 1961 азы уалдзæг I Хох дæр хохы’л æмбæлы 236
98 | Кафы нæ фиййау 100 Авдазон [01 Мæ хъуыддæгтæ 102 Мæ зæрдæ 103 Бæрæчетджын æфсин 104 Кæстæртæ хистæрæн 105 Мæ царды тыххæй [06 Райсомæй рагацау [07 Уалдзæджы куыстытæ 109 Æз — садойнаг кусæг [ 11 Мæ фæндаг [12 Тагъддæр уай, рæстæг [13 Цæуын мæ зæххьтл хъалæй 114 Уый уалдзæг у, уалдзæг 115 Мæ Иры фæсивæд [17 Мæ мадмæ 118 Плиты хъæбатыр Иссæйы зарæг 120 Мæлын мæ нæ фæнды 121 Милдзыхты Хадзымырзæмæ 123 Мæ нæмыг 124 Ме ’фсымæр Яшæйæн 125 Фæдзæхст 126 Поэт, дæ ныхас зæгъ хъæбæрæй 128 Æнусон Горький 129 Шота Руставелимæ 131 Шекспир 132 Станцæ Вайниккала 133 Байрон-Прометей 134 Сахъ лæппу — Юрий Гатарин 135 Х°х Машукæн 136 Æсуинаг дохтыр ^37 Фатимæ 138 Лæппу хъазтмæ бафтыди 139 МЗ’ хуры. хай 140 Æрцæгъд-ма 141 I Уарзоны писмо 237
142 I Май 143 Мæди 145 Усгуры зарæг 146 Дæ къам 148 Барæг 151 Хур — сызгъæрин барæг 153 Ыссæуы хур 155 Денджыз æмæ дон 156 «Диссæгтæ, диссæгтæ!» 158 Терк æмæ Æрыдон 159 Хъæлдзæг ныхæстæ 162 Ног «Волгæ» нæ скъæфта 165 Лалым æмæ бирæгъ 169 Фысым æмæ йæ уазæг 173 |Хистæры дзуапп 175 Диссаджы къæвда 176 Кæкус 177 Чи фæрсдзæн чызгæн йæхи та? 179 Розæ æмæ дзывылдар 185 20 минуты 192 Хохы лæппу райгуырд мадæп 202 Зджыды хæзна 225 Гæххæт разынд сæры къуыдыры 230 Бæлццон 233 Уарзон хуымгæнæг 234 | Чи дæн?
Георгий Харитонович Кайтуков ИЗБРАННЫЕ ПРОИЗВЕДЕНИЯ Том II Редактор В. Г. М а л и е в Художник А. А. Фидарова Художественный редактор У. К. Кануков Технический редактор- А. В. Я д ы к и н а Корректоры И. X. Д ж а н а е в а, Т. А. К а й т у к о в а Наборщик Н. В. Харченко Печатник Б. Г. Арчинов
Сдано в иабор 15-\М976 г. Подписано к печати 27-1Х 1976 г. Формат бумаги 70х1081/32. Печ, л. 7.5. Усл.-п. л. 10,50. Учетно-изд. листов 7,25. Тираж 2000 экз. Заказ ЛЬ 5903. Изд. № 40. Цена »5 коп. Бум. тип. № 1. ЕИ 00418. Издательство .ИР* Управления по делам издательств,_полиграфии и книжной тор- говли Совета Министров СО АССР, г. Орджоникидзе, ул. Димитрова, 2. Книжная типография Управления по делам издательств, полиграфии и книжной торговли Совета Миннстров СО АССР, г. Орджоникидзе, ул. Тельмана, 16.