Text
                    радзырдтæ



840сет М19 Рецензент А. 3. Чеджемты Малиевова-Франева Е. Æмзоримæ балц: Радзырдтæ. — Орджоникидзе: Ир, 1987.—97 ф. Малиевова-Франева Е. Путешествие с Амзором. 70 к. Автор имеет с Осетией давние творческйе связи. Она впервые перевела осетинский «Нартский эпос» на словацкий язык. Знает обычаи, быт и культуру осетинского народа. В своих коротких юмористичсских рассказах Малиевова-Франева отражает прошлое и настоящее Осстии.
ХÆЛАРДЗИНАДЫ НЫХАС Ацы чиныджы автор Малиты Евæ у ирон чындз. Райгуырд æмæ схъомыл Словакийы столицæ Братиславæйы, йæ чызгон мыггаг — Франева — у адæмы бындурон æмæ рагон мыггæгтæй иу. Цалдæр азы размæ нæм Чехословакийæ æрбацыди йæ мой — философон наукæты кандидат, Словакийы культурæйы наукон иртасæг институты хайады сæргълæууæг Малиты Æмзоры фырт Станиславимæ. Цы уыд сæ балцы нысан? Ирон адæмы культурæ, фольклор æмæ литертурæ хуыздæр сахуыр кæнын. Нæ хорз уазджытæ афтидармæй не ’рбацыдысты нæ Иры урс хæхтæм, семæ æрбахастой стыр хæзна: «Нарты кадджытæ» словакаг æвзагыл. Уый уыди словакаг чызг — ирон чындзы стыр сгуыхт. Ацы чиныджы тыххæй фыстой республикон газеттæ, журнал «Мах дуг», Евæ æмæ Станислав сæхæдæг кæм архайдтой, ахæм равдыст бацæттæ кодта нæ телестуди дæр. Бирæ адæмы бафæндыди Малиты Евæ æмæ Станиславимæ бæлвырдддæр базонгæ уæвын. Æмæ, æвæццæгæн, мæнæ ацы къаннæг чиныг дæр зæрдæйæ зæрдæмæ фæндагыл у дзæбæх санчъех. «Нарты кадджытæн» нæ хæлæрттæ — словакаг чиныгкæсджытæ цы аргъ скодтой, уый тыххæй мæ зæгъын фæнды дыууæ ныхасьг. Словакийы Коммунистон партийы Центрон Комитеты оргæн «Правдæ» чиныджы тыххæй ныммыхуыр кодта стыр уац «Æнусон зынаргъ хæзна». «Ирон «Нарты кадджытæ», — фыссы газет, — сæ мидисæй, рагон заман цы диссаджы хуымæтæг фæрæзтæй æвдисынц, уымæ гæсгæ æдзæстхизæй бынат ахсынц дунеон литературæйы тæккæ ахъаззагдæр уацмысты æхсæн». «Газет «Сменæ», Словакийы фæсивæды социалистон цæдисы Центрон Комитеты оргæн уацхъуыд «Ирон литературæйы шедевр», зæгъгæ, уым фыссы: «...Нарты кадджытæ... сæ поэтикон тыхæй, драматизмæй, сæ геройты бæлвырд характеристикæйæ, сæ хъомысджын моралон пафосæй дисы бафтыдтой дуне». Ацы газеттæ стыр аргъ скодтой тæлмацгæнæг Малиты Евæйы стыр фæллойæн. Чиныджы тыххæй хорз уацтæ фæзынди мыхуыры æндæр оргæнты дæр. Æмæ «Нарты кадджытæ» кæд стыр тиражæй рацыдысты (уыцы бæстæйы нымадæй), уæддæр сæ цыбыр рæстæгмæ дуканиты ссарæн нал уыди. Чындзмæ ирон æгъдæуттæм гæсгæ ныхасы бар куы нæ хаудта, уыцы рæстæджытæ цымæ раджы аивгъуыдтой? Æгъдæуттæ
цæнгæтæй конд не сты, ивгæ кæнынц, æмæ ивгæ дæр хъуамæ кæной, æрмæст хуыздæры ’рдæм. Уæвгæ нæртон Сатана дæр сылгоймаг уыди, фæлæ куырыхон зæронд лæгтæ дæр зондæй уый фарстой. Хъазын хъазын у, фæлæ Евæ дæр Сатана басгуыхти. Диссаджы лæвар ракодта махæн дæр æмæ йæхи адæмæн дæр. Уый тыххæй ма йын иу хатт бузныг зæгъæм. Ирыстоны фольклор, йæ цардыуаг, йæ культурæ рагæй дæр сæхимæ здæхтой ахуыргæндтæ æмæ фысджыты ’ргом. Абон, Илемницкий æмæ Беджызаты Чермены нæмттæ куы æрымысиккам, уый фидауы. Дыууæ стыр фыссæджы — словакаг æмæ ирон — базонгæ сты æртынæм азты. Сæ хæлардзинад афтæ фидар, афтæ ахадгæ уыди, æмæ Петер Илемницкий æрбацыди йæ иузæрдион æрдхордимæ Кавказмæ; Ирыстоны урссæр хæхтæм. Ам æй тынг сбуц кодтой, хорз уазæгæн хæхты цы ’гъдау вæййы, уый йын уыди. Бахæлар хохæгтимæ, сахуыр сын кодта се ’гъдæуттæ, хъуыста сын сæ зарджытæ, федта сын сæ цин дæр, сæ хъыг дæр. Уыцы балцæй райгуырди диссаджы чиныг: «Компас в нас». Уæды рæстæджы Чехословакийы ахæм чиныг рауадз, æргомæй дзур фæллойгæнджыты фыццаг паддзахады сæрыл, марксистон-ленинон идепæтыл — цас хъæбатырдзинад, цас æууæнк хъуыди ацы хъуыддагæн! Нæ фæтарсти ницæмæй Словакийы литературæйы стыр классик, нæ бамбæхста йæ уарзондзинад хуымæтæг адæммæ, нæ бамбæхста йæ æнæуынондзинад тугцъиртæм. Евæйæн уæлдай æхсызгондæр уый у, æмæ ирон газеттæ æмæ журналты, Петер Илемницкий Ирыстонмæ куыд æрбацыди, уый тыххæй æрмæг разæнгардæй кæй ныммыхуыр кæнынц. Зæгъæм, кæй кой ракодтам, уыцы æмбисонды чиныгæй скъуыддзæгтæ мыхуыргонд æрцыд журнал «Мах дуджы», ирон æвзагмæ сæ ратæлмац кодтой Малиты Хасан æмæ Хæблиаты Сафар. Петер Илемницкийы тыххæй цалдæр уацы ныммыхуыр кодтой Хуссар Ирыстоны дæр. Уыцы æрмæг æрæмбырд кæныны хæс Евæйæн бабар кодта Словакийы фысджыты цæдис. Станислав æмæ Евæ сывæллæттимæ æрвылсæрд вæййынц Ирыстоны. Сæ фæллад суадзынц Æмзоры фæрнджын хæдзары Ныртæккæ Евæ бацæттæ кодта ирон прозæйы антологи, словакаг æвзагмæ йæ ратæлмац кодта йæхæдæг. Ацы азы кæрон хъуамæ чиныг лæвæрд æрцæуа мыхуырмæ. Антологимæ хаст æрцæудзысты ирон литературæйы классиктæ æмæ нырыккон фысджыты уацмыстæ. Уымæй уæлдай ма Евæ кусы хицæн авторты уацмыстæ тæлмац кæныныл. Уыдонæй цалдæр фæзындысты периодикон мыхуыры. Евæйы бæллиц у Къостайы «Ирон фæндыр» йæ адæмæн балæвар кæнын. «Мæхи тынг амондджыныл нымайдзынæн, уыцы хъуыддаг мæ къухы куы бафта, уæд», — афтæфæзæгъы нæ курдиатджын чындз. Евæ ныффыста радзырдты чиныг Ирыстоны тыххæй. «Ныффыстон, — зæгъы Евæ, — фæлæ йæм мæ зæрдæ тынг æхсайы. Æнцон нæу Ирыстоны тыххæй фыссын. Йæ диссаджы æрдз. Уымæй диссагдæр та — йæ адæм, йæ истори, йæ царды-
уаг... Мæскуыйы Ломоносовы номыл паддзахадон университеты куы ахуыр кодтон, уæд фембæлдтæн Станиславимæ, махмæ йæ Словакийы Алан хонынц). Æмæ, мæ царды ’мбалмæ мæ зæрдæйы цы уарзондзинад дардтон, уый мын мæ хъысмæт сбаста Ирыстонимæ. Æмæ æрцыдтæн ардæм, Станиславы ныййарджытæм Цыколайы хъæумæ... Мæ дисæн кæрон нæ уыди. Æнахуыр æрдз, æнахуыр адæм, æнахуыр æгъдæуттæ. Рæстдзинад, сыгъдæгдзинад, хъæбатырдзинад æмæ адæймаджы иннæ хорз æууæлтæ мæхи адæм куыд уарзынц, ам дæр сæ уымæй къаддæр нæ уарзынц. Ирон адæмы хъæлдзæгдзинад, сæ юмор... Цы базыдтон Ирыстоны, цы бавзæрстон, уый тыххæй ныффыстон чиныг. Фæлæ, мæ-гъа, куыд рауад. Национ колорит, юмор æнæсайдæй рæгъмæ рахæссыныл архайдтон. Ныр ын чиныгкæсæг йæхæдæг аргъ кæнæд. Мæ куысты мын стыр æххуыс кæны Алан. Мах архайæм комкоммæ ирон æвзагæй словакаг æвзагмæ тæлмац кæныныл. Уый уымæн, цæмæй уацмысты колорит хуыздæр бахъахъхъæнæм. Æмæ уыцы хъуыддаджы, ай-гъай, мæ фыццаг æххуысгæнæг мæ къай у. Кусгæ-кусын мæм сæвзæры бирæ фарстатæ ирон адæмы этнографийæ, æгъдæуттæ æмæ цардыуаджы фæдыл, культурон бынтæ æмæ литературон хъуыддæгтыл. Æмæ кæд мæ дипломон куыст ирон этнографийыл баст уыди, уæддæр ис ахæм лыстæг хъуыддæгтæ, фездæхæнтæ, фæзилæнтæ, чиныгæй дæр æмæ æнæуый дæр афтæ æнцонæй кæй нæ бамбардзынæ æмæ базондзынæ. Уым дæр мын йæ бон цас у, уыйас æххуыс кæны. Æз ахуыр кæнын ирон æвзаг, æмæ мын уыцы хъуыддаджы, мæ фарсмæ чи лæууы, уымæй тынгдæр чи баххуыс кæндзæн? Дыууæ æфсымæрон адæмы литературон бастдзинæдтæ фидар кæныныл иунæг мах нæ архайæм. Ирыстоны фысджытæ дæр разæнгардæй бавнæлдтой уыдон фæтыхджындæр æмæ фæахадгæдæр кæнынмæ. Ныхас цæуы словакаг литературæйы антологи иронау рауадзыныл. Тæлмацгонд æрцыди æмæ тагъд мыхуыры фæзындзæн Словакийы адæмон поэт Павел Койшы поэмæ — «Ног Прометей» — фыст у Карл Марксы тыххæй. Нæ хæлардзинадæн ис фидар бындур. Уый у социалистон нациты хæлардзинад. Ныфс нæ ис: рæздзæни, дидинæг калдзæн æфсымæрон словакаг æмæ ирон адæмты хæлардзинады цъæх бæлас». Малиты В.
ЗАРÆГ-ФÆНДАГСАР * * * Тугуарæн æркодта, тугуарæн æркодта Тъæпæн Дыгурыл, Тъæпæн Дыгурыл! Ахъсахъ Тимуры æфсæндзых борæтæй Сæ цъæх быдыртæ куы батар сты, Æфсæнбыд кауæй æнгомдæр, фидардæр Сæ алфамбылай æртыгуыр ысты. Тъæпæн Дыгурæн сæ раздзæуæг адæм, Сæ хъал фæсивæд — лæгæй лæг хуыздæр Се знæгты къухæй туг лæсæн кæнынц, Куынæг куы кæнынц, мæрдтæм ивгъуыйынц, Фæстаг лæджы онг бæргæ тох кæнынц. Фæлæ быныцагъд бынтон куы фæцис Тъæпæн Дигорæ! Уæд зынг куы схæцыд, цъæх арт куы схъазыд Тъæпæн Дыгурæн сæ ивылд хъæутыл. Сæ баззайæггаг сылæй дæр, нæлæй дæр Хæсты куы фесты, хæсты куы фесты! Куы бабын ысты Тъæпæн Дигорæ, Æвæстаг куы фесты, кæугæ, дзыназгæ Уæд баззадысты дзæгъæл сывæллæттæ Сæ сыгъд бындурыл, сæ сау фæныкыл. Уæд ма разынди дзыллæйы амондæн Сылыстæг дунейыл, æмæ сидзæрты Йæ разæй куы скæны фысты къорды хуызæн Æхсæвæй, бонæй сæ хъахъхъæвгæ куы кæны Хъæддаг сырдæй дæр, фыдгæнæгæй дæр. Быдырæй хъæдмæ, хъæдæй æрдузмæ Дыгуры ’фцæгмæ йæ ных куы ратты. Цæгатмæ бахизы æмæ æд сывæллæттæ Зæдæлескы сæрмæ куы ’рбынат кæны. Алы зайæгойæ сæ хæссып куы бачдайы, Хæссын куы байдайы. Куы растыр ысты, Куы схъомыл ысты, хъæутæ куы систы, Сæ иумæйаг мад «Зæдæлескы нанайы» мард Кад æмæ цытимæ уæд куы бавæрынц Зæдæлескы алыварс — Моргы лæгæты. * * * ' Бирæ æнусты дæргъы кæнынц адæм Зæдæлескы нанайы зарæг. Диссаджы зарæг V, æвæдза! Ныхас дзы цæуы, тæккæ тызмæгдæр æмæ æбуалгъдæр рæстæджыты æнæхъæн адæмы фидæн
иу адæймаджы, уыимæ хуымæтæг адæймаджы хъысмæтæй æвдыст куыд æрцæуы, ууыл. Йæхи цард æм нымады дæр нæ вæййы, æрмæст йæ зæрдæйы коммæ бакæсы, йæ хæс бамбары æмæ йæ зæрдæйы домæн æххæст кæнынмæ уæлтæмæнæй бавналы. Дыгуры бæстæ сæфтмæ куыд цæуы, уый куы федта Зæдæлескы нана, уæд æм бахъардта, йæ хъысмæты уаргъ куыд уæззау æмæ бæрнон у, уый æмæ йæ адæмы быныскъуыд нæ бауагъта; фыдгулæй чи фервæзт, йæ амæттаг чи нæ фæцис, уыцы сабиты ссардта æмæ адæм дарддæр, æнустæм ауагътой уидаг. Айдагъ сабиты нæ, фæлææнæхъæн адæмыхатт кæй фервæзын кодта, уый та йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Дыгурæн абон дæр сæ мад у нана — Зæдæлескы нана. Уæларвмæ фæцыдысты рæхснаг нæзытæ — Дыгургомы фидауц. Сæ цъуппытыл хъазы сатæг уадымс, хихты сыбар-сыбуры, уидæгты уæзбын хъыс-хъысы хъуысы зарæг — Зæдæлескы нанайы æнкъард зарæг. Сæ хъæбысы æрбанорстой Дыгургом æддæгуæлæ æгомыг къæдзæхтæ, сæ уæхсчытыл æрæнцад æнæкъæм цъæх-цъæхид арв. Дæлиау кæмдæр абухы, дуртæ кæрæдзийыл хойы, комы нарæгæй фервæзыныл йæхи хъары, быдырты рухсмæ тындзы урсбарц Æрæф. Комы сæрмæ иу фахсæй иннæмæ зæлдаг тынтæ луаргæ араст зæрин хур, йæ рæвдыд ныййарæджы рæвдыдау фæлмæи, æнæ судзгæ æлхысчъытæй. Цъитидоны фынккалгæ уылæнты хъазынц æвзистбарц балертæ, фатау тæхынц æхсæрдзæнты тæдзæнмæ. Иугæр дзы къæвда куы рацæуа, уæд та тыгъдызæйтæ цыхцырæг ныллæууынц, тъæпæн уæлхæдзæрттæ æнæвгъау хойынц. Хъал сæгъы мыггаг кæй сты, уымæ гæсгæ дзæбидыртæ изæргæрæтты цъитирæбынæй хизынмæ рараст вæййынц уæлиау сæрвæттæм, сæуæхсид куы ахъазы, уæд та сæ фæллад уадзынмæ схизынц бондарæнтæм. Фæхсты хæрзад, сойджын кæрдæгæй сæ мондæгтæ уадзынц стурты рæгъæуттæ æмæ фысвосы дзугтæ. Незамантаг æгомыг чъырынты айнæгдур — мæлæтдзаг хъазуат хæстыты æвдисæн — цы æвирхъау бæллæхтæ федта, уыдоны мæстæй ныссау. Царддæттæг хуры сæумæйæ дзæвгар фыдæбон бахъæуы, къæдзæхты рагъмæ цалынмæ схизы æмæ комыл йæ цæст ахæссы, уæдмæ. Къæдзæхтæм та хуры фыдæбон нымады дæр нæу: сабийау цыбыр сæ зонд, афтæ сæм кæсы, цыма рухсхæссæг хуры дун-дунейы мидæг уыдоны фенынæй æндæр сагъæс нæй, цыма хур дæр айдагъ уыдоны цæрайæн цæры. Уымæн нæ фенкъуысынц, æвæццæгæн, сæ бынатæй. Уæлиау фæцыдысты æгас дунейы сæрмæ, дæрдты фæлгæсынц æдзæм æмæ æрхуымæй. Нæма сæм бахъардта, хæхтæй бæрзонддæр æрмæст хæхтæ куы уыдысты, уыцы дуг кæй аивгъуыдта; сæ сæрты рогбазыр хæдтæхджытæ рагæй кæй тæхынц, уыдонæй уæлдæр та цымыдис ракетæтæ уæларвы кæй аныгъуылынц, уый. Нымады дæр сæм нæу, сæ риуыгуыдыр еын хæххон комбайнтæ кæй фæйлауыиц,
кæддæры сæрсæфæн къахвæндæгтыл хæдтулгæтæ дыууæрдæм куыд сыххуытт кæнынц, уый. Нæй, ннцы сæм хъары. Сæ бынатæй феккуырсыны зонд сæм нæй, джебогътау уæларвы риуы уыцы иу ран ныхстæй. лæууынц сæ цъуппытæ. Æрмæст хатгай къулбадæг сывæллонау гуымиры хъæзтытæм февналынц: куы уæлхæдзæрттыл зæй раскъæрынц, куы машинæ æд бæлццæттæ комы бынмæ ахæссынц. А-ба-бау, ахæм заман сæ фæлтау ма фен... Хæхбæсты адæм рагæй-æрæгмæ дæр æууæндынц сæ райгуырæн къæдзæхтыл, уыдонмæ у сæ каст, уыдонимæ — сæ тæрхон. — Цæй, куыд дæм кæсынц нæ хабæрттæ, фыдæлты уæзæг? Цы зæгъдзыстут, Уæзæ? Урс хох? Цы нын бауынаффæ кæндзыстут? Ницы дзурынц, æдзæмæй лæууынц Уæзæ дæр æмæ Урс хох дæр. Адæймаг сæм мæлдзыгæй уæлдай нымады нæу. Уадз æмæ йæ цы фæнды, уый кæна. Фæнды йæ — хæхты хъæбысы фабрик саразæд, фæнды йæ —хор байтауæд тæлæссонд фæхстыл, науæд та йæ зæрдæйы дзæбæхæн хæдтулгæйы комæй-коммæ æрзилæд. Сæхиуыл æгæр куы нæ фервæссыдаиккой, уæд æнæ бафиппайгæ нæ уаиккой, «мæлдзыг» хивæндæй хивæнддæр кæй кæны, уый. Фæлæ уæддæр, мæнмæ гæсгæ, хъуамæ æмбарой, адæймаг цæйбæрц хъаруйы хицау у, æмæ йæ хæхты хивæнд митæ басæттынмæ бирæ кæй нал хъæуы, уый. Афтæмæй сæхи ницымбарæг скодтой. Уæвгæ та сæ айнæг зæрдæйæ æнкъарынц — æгæр бирæ сæ уарзы, сæ масты никуы бацæудзæн... Тæргайгæнаг сылгоймагау ын сæхи буцтæ кæнынц, иу бон сæм иу фæнд вæййы, иннæ бон — æндæр. Алæмæттаг сты Кавказы хæхтæ. Алæмæттаг у Дыгургом. Алæмæттаг сты, Зæдæлескы нана бынцагъдæй кæй бахызта, уыцы адæм. ÆНДÆР АДÆМÆЙ УС ХÆССЫН АМОНД У Æвæццæгæн, гыццылтæ базыдтат ме ’мбæлццоны — æз Кавказы хæхты кæимæ рацу-бацу кæндзынæн, уый. Иу хатт ма йæ зæгъын: «кæндзынæн», уымæн æмæ нырма мæ балц нæ райдыдта, стæй ме ’мбæлццоны мæ цæсты кæронæй дæр нæма федтон: колхозы цы кусы, куыд кусы, уыдæттæн дæр ницы зонын гъе стæй æрвылбон сæрдаримæ куыд загъд-замана кæны, уый дæр мæ хъустыл нæма æрцыд. Мæнæ уал мæхæдæг. Бадын автобусы, ныртæккæ Беслæны балæудзынæн æмæ мæ хъæбысы ныккæндзынæн Зæринæйы. Мæхи дзæбæх Зæринæйы. Цас адджын бонтæ арвыстам иумæ, Мæскуыйы университеты куы ахуыр кодтам, уæд! Тел дæр æм нæ ныццавтон—уадз æмæ мæ æнæнхъæлæджы фена, кæддæра цытæ кæнид! Афтæмæй сбадтæн аэропорты автобусы. Цæуын,
мæхицæн хъæлдзæг хъуыдытæ кæнын. Гъе, æцæг ацы лæджы фæтæн чъылдымæй тыхсын байдыдтон. Куы иуырдæм азилы, куы иннæрдæм, йæ лæгуын сæр куы кæмæ бакъул кæны бæлццæттæй, куы — кæмæ. Куы сæ иумæ баппары йæ ныхас, куы — иннæмæ. Иннæтæ дæр куыд нæ дзурынц, фæлæ дзы амæн æмбал нæй, æнæхъæн автобус йæхи бакодта. Æдде ахæм бон у, ахæм, æмæ лæг йæ алыварс кæсынæй не ’фсæды. Рог уддзæф змæлын кæны, сызгъæрин доны тылды хуызæн сæнтбур чи адардта, уыцы кæрдинаг мæнæуы хуым, æхсынæнты чъиритæ сындæг-сындæг зилынц хуры фæдыл. Астымты хизынц хъомы рæгъæуттæ. Æвиппайды нæ алфамблай фендрæхуызон и. Автобус фæхæрд кодта, стæй тæссармæ фездæхт, тъунелы бауад æмæ иу уынгæггомау комы араст и. Цыдæр хæйрæджыты фæндаг! Ацу æмæ ма батыхс. «Беслæнмæ ма бирæ хъæуы?» — Куыддæр бафарстон, афтæ иууылдæр ныххудтысты, цыма уыцы фарстмæ æнхъæлмæ кастысты. Худт куы фæсабыр, уæд мæм, мæ размæ цы лæгуынсæр лæг бадт, уый уæззаугай разылд. «Тыхсгæ ма кæн. Беслæн дæр нын никуыдæм аирвæздзæн». — Лæгæн йæ чъылдымæй йæ цæсгом бирæ дзæбæхдæр разынд: тымбылгомау рæсугъд цæсгом, мидбылхудт ыл хъазы, йæ цæстытæ хинæйдзаг каст кæнынц. Чидæр æм йæ номæй сдзырдта — Æмзор. Разынди дзинагъайаг, сæрд-сæрддæргъы уым фæцæры йæ бинонтимæ. Ныр дæр уырдæм цыди. Æз чехословакаг дæн, уый куыддæр базыдта, афтæ хæрдмæ фæхауд. «Бауром!..» «Цы хабар у?» — машинæйы цыд фæсабыр кодта, афтæмæй фæстæмæ ракаст шофыр. «Ацы чызг кæцон у, уый зоныс? Æз йæ сæрибарыл кæмæн тох кодтон, уыцы бæстаг. Мах та, цыма Чырыстонхъæуы абадт нæ автобусы, уымæй уæлдай йæм нæ хъус не ’рдардтам». «Кадджын уазæг! Ныртæккæ йæ йæ фысымтыл сæмбæлын кæндзыстæм». «Нæ, мæ хур! Уыдон ныхæстæ сты. Фæлтау æнæмастæй бауром æмæ фæйнæ баназæм, дзæбæхæй ныл кæй сæмбæлд, уый тыххæй. Стæй йæ фысымтыл дæр сæмбæлдзæн. Уалæ мæ фыдæлты зæронд хæдзар — уый дын йæ фысымуат». Афтæ. Уыцы бон изæрырдæм базонгæ дæн мæ фысымтимæ æнæ уæлдай рахæц-бахæцæй, Æмзорæн йæ цардæмбал Лизæимæ, йæ фынддæсаздзыд чызг Зæлинæимæ, йæ мад Лезинкаимæ. Мæ иннæ бинонтæ, дам, ам не сты. Уæрæсейы къуымты, дам, ныппырх сты æмæ, дам, сæ марадз æмæ æрæмбырд кæн. Гъе уыцы æнахуыр бонæй ранымай æнæхъæн дыууæ къуырийы — уыдон дын мæ тезгъогæнæн бонтæ Æмзоримæ. Æмæ ма мæ иузæрдион æмбал Зæринæйы æрмæст фæстæмæ цæугæйæ аэ-
ропорты кæй федтон, ууыл дæр мæм фæсмон не ’рцыди. Охх, уыцы дыууæ æнæферохгæнгæ къуырийы!.. Гъо ! Æмæ куыддæр къæсæрæй бахызтыстæм, афтæ бинонтæ сдыууæрдæм сты —иутæ сæ иуырдæм афтидæй уадысты, иннæтæ иннæрдæм цыдæртæ хастой, аннæтæ цыдæртæ агуырдтой, раджы сæ чи фесæфти, ахæм цыдæртæ. Суанг ма, мæгуыр, Лезинка дæр рауай-бауайыл схæцыд, кæд бирæ нæ, фæлæ чысыл истæмæй феххуыс уаид, æмæ уазæг хъаст нæ ахæссид. Бон кæуылты атахти — ницы йын базыдтон. Æвæццæгæн, æнæхъæн хъæуы къахылдзæуæг нал баззади, мæныл чи нæ бацин кодта. Алыхуызон лæвæрттæ мын фæхастой. Уæдæ мæ цæргæ-цæрæнбонты дæр кæй нæ федтон, ахæм хæринæгтæ фынгыл уæз кодтой. Кусарт дæр дзы уыди, æмæ æз стыр дисыл бафтыдтæн, кусарт мæн тыххæй акодтой, уый куы базыдтон, уæд. Изæрмилтæ семæ æрбахастой сæ сабыр удæнцой. Хъуццытæ фæсдыгъд æнæмæтæй хуыссыдысты уæзæгыл, чи сæ сынæр цагъта, чи та, йæ разы цы цæххы къæртт уыд, уымæ бавналбавнал кодта йе ’взагæй. Кæрчытæй йæ бадæнмæ кæмæн айрæджы, уыдон тагъд кодтой, фæлæ ма-иу уæддæр згъоргæ-згъорын дæр кæрæдзиуыл бахъуыр-хъуыр кодтой. Лезинка дæр йæ уат бацагуырдта. Æрмæст ма æз æмæ Лизæ цæлгæнæны баззадыстæм æмæ тæбæгътæ æхсынмæ бавнæлдтам. Уыцы рæстæджы кæцæйдæр, арвæй æрхауæгау, нæ тæккæ раз февзæрди Æмзор — иу-дыууæ сахаты бæрц ыл мæ цæст не ’рхæцыди, кæм уыди — хæйрæг æй базонæд. «Тагъд уæ уæлæ исты акæнут! Ныртæккæ Уæллагкоммæ æнæ цæугæ нæй. Куывдмæ! Ме ’рдхорды фырт æфсадæй сыздæхт. Мауал лæуут, рæвдздæр!» — йæ хъæр йæхицæй фæраздæр. Йæхæдæг февнæлдта æмæ йæ цырыхъхъытæ сæрфы æмæ йæ хъуыр-хъуыр цæуы — ай цы хуызæн хæдзар у, лæгыл дзы иу фæхæцæг куы нæ и, уæд! Æдде саудалынг баци æмæ, раст куы зæгъон, уæд, уыцы фæндæгтыл ацы æнафоны... Уæды онг Лизæ æнцад лæууыди. «Омæ ма ныр цафоны цыд у? Райсом ныл бон нал кæны?» Æмзор æм цæхгæр фæзылди: «Хъусут æм? Нæ-нæ, исчи-ма йæм байхъусæд, гъе, лæг йæ усы йæ сæрмæ схизын куы бауадзы, уæд! Уæдæ цы гал дæ уæлфадыл лæууы, хъуыддаг дæ кæм нæй, уым дæ фындз цы тъыссыс!» «Цы кæныс, цы, баба... Цæуыл мæсты кæныс?» — æз куыд бамбæрстон, афтæмæй ацæргæ сылгоймæгтæ сæ лæгтæм уыцы номæй дæр фæдзурынц. «Цавæр «баба»? Цæй баба дæн æз дæуæн! Ацу æмæ дæ фыды фыдмæ бадзур афтæ, кæд ма йæ искуы ссарай, уæд. Фæлæ ма дæ карæн зæрондæн баба...» Æз кæсын ус æмæ лæгмæ. Дис кæнын, Æмзор цæуыл рамæсты вæййы. Уымæй ноджы тынгдæр дис кæнын, Лизæ йæм йæхи
куыд сабыр дары, ууыл. Раст цыма Æмзоры ныхæстæ йæ иу хъусæй бахизынц æмæ иннæуыл ахизынц... Лæг дын уыцы мæстыйæ мердæм фездæхт. «Дæ хуыцауы хатырæй, амæн ма исты бамбарын кæн — сымахмæ дæр сылгоймæгтæ афтæ къæпп кæнынц фæстæмæ сæ лæгтæм?» Æз бахудтæн æмæ йын загътон: «Махмæ сылгоймæгтæ фидардæр æрлæууынц сæ лæгты ныхмæ. Бирæ хæдзæрттæй та нæлгоймаджы ныхасæй сылгоймаджы ныхас дарддæр хъуысы». «Цы, дам, цы?! — йæ цæстытæ ныджджыгъгъытт кодта Æмзор. Чи зоны, чи зоны, фæлæ... Фæлæ ма амæ исчи акæсæд, амæ. Нон грата, дипломатты загъдау, адæймаджы хуызæн дæр куы нæ у, уæд хъуамæ йæ фындзы бынæй сыбыртт ссæуа, лæг куы дзура, уæд?!» Æмзор ма иу каст фæкодта Лизæмæ, уæззау æрбадти бандоныл æмæ йæ цырыхъхъытæ ласын райдыдта. «Фæлæуу, æз дын ацы изæр дæ зæрдыл æрлæууын кæндзынæн, — гуым-гуым кæпы йæхинымæр, — стæй уæд базондзынæ, кæимæ цардтæ, уый. Æниу ма ныр цы? Уæддæр ‘мæ фæнд конд у... Æз дæуæн, мæ кадджын фыдæл, мæ фыды фыдæн йæ тæккæ фыд цы ми бакодта йæ усæн, уыцы ми куы нæ бакæнон...» Лизæйы цæстытæ хинæйдзаг æрттывд фæкодтой: «Хуыцау дæ ууыл куы бафтауид! Фæлæ ма дын цымæ чи бакомдзæн, чи ма цы кæны ахæм хæррæгъæй!» «Иу хатт-ма йæ зæгъ, цы загътай! — йæ цырыхъджын къахыл багæппытæ кодта усмæ тынг хæстæг Æмзор. — Зæгъ-ма йæ иу хатт...» Лизæ йæхи иуварс айста. «Æвдисæн-иу мын ут... Ахæм хæррæгъ, дам. Иу сахаты бæрц нæм дæ æдæппæтæй æмæ ныридæгæн федтай, цы хъизæмæрттæ æвзарын, уый.... Фæлæ уæддæр уый цы лæг уыд, уый!» «Кæмæй зæгъыс?» — бафарстон æй æз. «Мæ кадджын фыдæл... Цы лæг уыди, йæ мард фесæфа! Бирæ нæ, фæлæ мæ уый зондæй иу мисхалы бæрц куы уаид, уæд афтæ æгады цæрдтытæ нæ кæнин. Æнæ куывд æмæ æнæ даргъ сидтытæ дын радзурдзынæн, цы бакодта, уый, æмæ уæд бамбардзынæ: ус æндæр адæмыхаттæй æрхæссын стыр амонд у». * * * Уый раджы уыд. Тынг раджы, афтæ раджы æмæ, кæд уыд, уый ничиуал зоны. Хохы цъуппыл цы хъæу нынныхæст, уым цард Æмзоры кадджын фыдæл йæ дзаг бинонтимæ. Цоты хистæр Бола хуынд. Æмзорæн йæ хæрз фыды фыд. йæхицæй лæгдæр бирæ нæ уыд хæхбæсты — кусаг, хъæбатыр, уæдæ цуаны ацыд, афтидæй дын ницæй тыххæй æрыздæхтаид. Гъе, фæлæ йæ усæй амонд нæ фæци. Цæвиттон, йæ бинойнаг
уыди хъæздыг хæдзарæй æмæ йæ сæр хаста уалæ уæлиæутты, уæдæ дзурынмæ фæци — дæс сылгоймагæн уый бæрц нæ бантыстаид. Бола иу ныхас куы загътаид, уый загътаид иууыл къаддæр æртæ. Афтæ алы бон дæр. Лæг тыхсти. Йе ’мгæртты устытæй фæстæмæ дæр ничи фæкæсдзæн йæ лæгмæ, уæд ауыл цы бæллæх сæвæрдта хуыцау! Цалдæр хатты йæ дзæбæх ныххоста — нæй, нæ сæтты. Адæм ыл худын байдыдтой — уый, дам, цавæр дзæгъæлдзых сылгоймагимæ цæры, кæд ахæм лæг у, уæд! Афæнд кодта — ныхасы зæрæдтæн ракæна йæ хъаст. Йæ ныфс нæ бахаста: фæхуддзысты йыл! «О, цы æнамонд фæдæн! — йæ къухты фыдтæм-иу фæлæбурдта Бола. — Фæлтау æгомыг къуырма ус куы æрхастаин!...» Цас тынгдæр тыхсти лæг, уыйас сылгоймаг налатдæр кодта. Бинонтæ дæр æм сфыдæх сты, фæлæ чи уæндыд йæ ныхмæ æрлæууып! Ноджы йын æмбисонды цот рацыд — æртæ фырыхъулы хуызæн лæппуйы йын райгуырди фæд-фæдыл. Ацу æмæ ды сдзур ахæммæ! Рæстæг цыд. Иу бон Болайы йæ фыд Асымæ куы арвитид бæхтæ уæй кæнынмæ. Æнкъардæй æрлæууыд йæ бæхты кæрон, уæдæ цы уыдаид, Бола, æмæ æнхъæлмæ кæсы æлхæнджытæм. Уалынмæ уæртæ бæхты алыварс æрзылд урссæр асыйаг. Пæ фæстæ — йæ хæрæг, мисыны дыууæ лалымы йæ уæлæ, стæй ноджы — чызг, æмæ чызг дæр чызджы хуызæн куы уыдаид! Сатæг сау дзыккутæ, худгæ былтæ, тымбыл гагуы цæстытæ... Йæ цæнгтæ та урс-урсид, Эльбрусы цъуппыл цы мит рауары, уымæй дæр урсдæр. Цалынмæ лæг бæхты алыварс разил-базил кодта, уæдмæ Бола йæхи байста чызгмæ, йæ цæстытæ æрхаста дыууæ лалымыл: «Ам та дын цы и?» Чызгæн йæ мидбылхудт фæрухсдæр, афтæмæй бацамыдта лалымтæм, йæ цæстытæй та йæ фæрсгæ бакодта: «Хъæуы дæ мисын?» Раст уыцы рæстæджы иу хъуыды февзæрд Болайы сæры, сæрæй атахти зæрдæмæ, уырдыгæй тугимæ къабæзты бапæууыдцы фыд мыл æрцыд, æгомыг ус цæмæн агурын, ай цæмæй æнзæрдæр у æгомыгæй?! Ай мæнæ мæ цæргæбонты кæй агуырдтон, уый мæм йæхи хæрæджы рагъыл куы æрхæццæ! Радзур-бадзур байдыдта асыйагимæ — мæ бæхтæ дын ирæды лæвар фæуæнт, æмæ мын дæ чызджы ратт. Фыд бирæ фæракæ-бакæ кодта æмæ сразы. Дыккаг бон Бола сæхимæ балæууыд йæ асыйаг усимæ. Бола уыди, æндæр адæмыхаттæй ус чи æрхаста, фыццаг ахæм лæг. Хиуæттæ йæм цыдысты, дзырдтой йын: ауадз æй! Зæронд лæгтæм ныхасы æндæр дзырд нал уыд — Болайы асыйаг ус! Æмæ та-иу сæ сæртæ ныттылдтой. Фыццаг усы хæстæджытæ дæр æм æнæхъæн æфсад арвыстой: куыд уыдзæни сæ чызг,
куыд цæрдзæн, куы фæхудинаг и! Иууылдæр афтæ æнхъæлдтой —ауадздзæн сæхимæ кæйдæр чызджы. Фæлæ Боламæ æндæр хъуыдытæ уыд. Уый сфæнд кодта йæ дыгурон усы искæй фыццаг фæкæнын. Йæ цæст æрхæцыд сæ хъæуы тæккæ мæгуырдæр æмæ сабырдæр лæппуйыл, ныфс ын бавæрдта фысты дзугæй. Иугæр уал сæ хъуыддаг ацæуæд, баиу уал уæнт, стæй ма цæй фыс æмæ цæй æндæр! Лæппуты дæр ын дæттынмæ нæ хъавыд — цæмæн? Сывæллæттæ кæддæриддæр фыдыл нымад цæуынц, мыггагыл. Стæй сразы. Æмæ хорз бакодта, тынг хорз. Уымæн хорз бакодта, æмæ уыцы мадзура асыйаг чи у, уый куы бавдæлид æмæ иуæндæс сывæллоны куы ныййарид, æмæ ма уыдонæй дæр æхсæз лæппутæ куы нæ уыдаид, уæддæр цы нæ вæййы! Гъе уыцы æхсæзæй иу хуынди Тикъо, æмæ фыды фыртæй уыдонæй уыди Æмзор. Фыццаг æртæ лæппуйы та цæмæй хæйрæг уыдысты æмæ уыцы сабыр, фæстæмæ йæ усмæ ссыбыртт кæнын чи нæ фæрæзта, уый сæ фыд кæй нæу — хæрз гыццылтæй сæ ахаста сæ мад. Фæлæ адæмы æхсæн исты басусæг уа! Куыддæр бахъомыл сты, афтæ сын чидæр сæ хъусы бацагъта, Болайы фырттæ, дам, стут. Уæддæр нал ацыдысты сæ фыдмæ. Æниу кæдæм ацыдаиккой, Болайæн йæхи цот куы нæ цыдысты йæ хæдзары, уæд?! Гъе уæддæр иу хъуыддаг... Кæд сæ цот нæ рауадысты уыцы æртæ æфсымæрæн дæр дзæгъæлдзыхтæ. Туг ахæм диссаг у, ахæм, æмæ йын сæфæн нæй. Уæдæ!.. * * * Æмзоры ныхас кæронмæ фæцæйхæццæ кодта, афтæ Лизæ мæ фарсмæ æрбадт æмæ йæ къухмæ райста сæ районы газет «Ленинон». «О-гъо, дæ колхоз та пълан нæ сæххæст кодта», — цæуылдæр сагъæсгæнгæ бадзырдта лæгмæ. «Мæ колхоз!» — йæ усмæ æнæуынон цæстæй кæсы Æмзор. — Мæ колхоз куы уаид, уæд æй фенис. Фæлæ дзы цыдæр æнæсæр бады. Дæ хæстæджытæй ничи у, мыййаг? «Хæстæг, — йæ сæр банкъуыста Лизæ. — Ам агрономы куыстыты тыххæй фыссынц...» «Кæсæд-ма йæм исчи! Гъе ныр ай дзурын куы нæ зонид, уæд цæрын цы хъæуы. Уый та ма дзурын нæ — кæсын дæр зоны». Лизæ Æмзормæ бакаст, цыма йын тæригъæд фæкодта, уыйау æй бафарста: «Æххормаг нæ дæ? Хъæрмхуыпп нырма нæ ныууазал». «Гъмы, хъæрмхуыпп! — фесхъиудта Æмзор. — Ныр Уæллагкомы куывды бæсты дæ туаг хъæрмхуыпп цымыныл куы бабадин!» Æппынæрæджиау басабыр Æмзор. Афтæ зынд, цыма йæ зæрдæйы мастæй ницыуал баззад — скалдта йæ. Бады бандоныл, кæд исты мысинæгты фæдыл адзæгъæл? Бакастæн, æмæ йæ сæр йæ риуыл æрцауындзæг.
«Баба. ъом æмæ дæхи æруадз, — фестад йæ бад-енæй Лизæ, иу каст ме ’рдæм фæкодта. — Уайтагъддæр æм мæ зæрдзе æхсайдга — анызта. Афтæ кæны: куыддæр аназы, фæлæ ма хъуагæй баззайы, афтæ йæ хылкъахæнтæн кæрон нал вæййы». Æмзор фехъал. «Иуварс, уый дын «хъуагæй баззайы»! Фæлæ уæддæр йæ усы коммæ бакаст: йæхи сынтæгыл ауагъта, æмæ йæ Лизæ æрæмбæрзта. Уайтагъд афынæй. Иæ фæсус хуыррытт райхъуыст. Хуыррытт тыхджынæй тыхджындæр кодта æмæ ну цасдæры фæстæ хæдзар хуыр-хуырæй йæ сæрыл систа. Иу рæстæджы цæхгæр фæфæлдæхт йæ иу фарсыл, фæхъæр кодта: «Асы!» Æмæ уый адыл хуыр-хуыр аскъуыд. Лизæ ма иу хатт бакаст йæ лæгмæ æмæ та газетмæ аздæхта йæ цæстæнгас. Æмзоры хылкъахæнтæ дзы цыма рох фесты — ахуыр ын уыд йæ митыл. ЦАРДИ ДЫГУРЫ ХЪАНУХЪТЫ ЕСЕ Æмзор арæх суайаг у Орджоникидземæ. Гъе уæддæр, дам, нæ республикæйы сæйраг горæтмæ цал хатты сæфтын, уал хатты мæ зæрдыл æрлæууы, цыппор фыццæгæм азы хæрз æрыгонæй æфсæддон скъоламæ куы цыдтæн, уæд куыд ныгъуылдхуыз уыдтæн, уый. Уый уартæ кæд уыди, уæдæй нырмæ ам бирæ ивддзинæдтæ æрцыд, фæлæ Æмзормæ алы хатт дæр афтæ фæкæсы, чыма горæтмæ фыццаг хатт ссыди. Æз мæхæдæг ардæм фыццаг хатт æрбафтыдтæн æмæ мæ алывæрстæм цымыдисæй кастæн. Нырма чысыл раздæр схæццæ стæм, афтæмæй Æмзор сталф-тулф ис. Уыцы хъуыддагхуызæй йæ сахатмæ æркасти æмæ сдзырдта: — Цæвиттон, афтæ... Автобус фæстæмæ Дигорамæ здæхдзæни изæры æхсæз сахатæй чысыл раздæр. — Чысыл раздæр цы хоныс? — афарстон æй æз. — Чысыл раздæр уый хонын, æмæ шофырæн бафæдзæхстон, зæгъын, чи зоны, сахаты æрдæг айрæджы кæнæм, йе сахаты æрдæг раздæр æрбацæуæм. Æмæ нæм банхъæлмæ кæсдзæн, — зæрдиагæй дзырдта Æмзор æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта. — Мæхи лæппу нæу? — Дæхи лæппу кæцæй у? — Хи куыд вæййы, афтæ. Мæ хуыздæр хæлары фырт мæ хъæбул дæр у. Уæдæ уал уæд музейтыл азилæм, цыртдзæвæнтæ фенæм. — Нагъ, уыциу цыдæй цæуæм мæ фыды хо Лауханмæ. Уый пæуæдæг æмбисонды музей куы у! — Гъемæ хорз, — зæрдæбынæй ныуулæфгæйæ сразы дæн æз, уымæн æмæ бамбæрстон: Æмзоры ныхасыл дыууæ зæгъæн пæй. Зæгъын, кæд мын музейтæ æмæ цыртдзæвæнтыл азилыны фадат дæр фæуаид. — Цом.
— Уæдæ афтæ, гъе. Цæвиттон, æз сæ хæрæфырт дæн, — сæрыстæрæй загъта Æмзор. — Мæ фыды хо Лаухан... — афтæ зæрдиагæн дзырдта, цыма йын ныхас кæныны фадат фыццаг хатт фæци. Æрымысыди кæйдæрты хабæрттæ, фæнымадта рагон цаутæ, æппынфæстаг, дис кæнгæйæ, йæ сæр батылдта: — Дæ цæстытыл-ма ауайын кæн. Фарон дæр ма йыл... Уæвгæ фарон цæмæн... Уартæ Тулдзджыны чи царди, уыцы Гогойы зианы бон ын сæ куы нымадтон, уæддæр ма йыл сæдæ дыууæ азы цыдиг ныр ын сæдæ æвддæс баисты. Адæймаг бонæй-бонмæ нæ, фæлæ сахатæй-сахатмæ зæронд кæны. Æмзоры фыды хоимæ парахат хæдзары цардысты йæ хистæр фырт, йæ чындз æмæ уыдоны хистæр фырт. Уымæн дæр — ХЪОМЫЛ ЦОТ. — Уæртæ дын уын та мæ фыды хо! — Æмзор бахызти, йæ рудзынгæмбæрзæнтæ нырма æхгæд кæмæн уыдысты, уыцы мынæгрухсгонд уатмæ. Лаухан бадти къæлæтджыны, йæ фæстæ дæр, йæ фæйнæ фæрсты дæр — хъулонцъар базтæ æвæрд. Йæ цæсгом нынцъылдтæ, йæ уæлæ урс æфцæгготджын тар къаба. Хуыцауы комытæф æм цымæ фæхæццæ, раст паддзахы усы хуызæн фидыдта. Еон-хорз ын загътам, фæлæ нæ фиппайгæ дæр на? бакодта. Цавæрдæр зæронд лæгæн алывыдтæ калдта æмæ махыл нæма уыди. — Зæронд сæлхæр! Дæ митæ кæд ныууадздзынæ? — Омæ... — Ардæм-ма рацу. — Нана... Рацæй-рабон æмæ дын уыцы цыппарыссæдзаздзыд урссæр лæг Лауханы хистæр фырт куы разынид. Йæ мады раз сабийау ныфсæрмы. — Ам-ма æрлæуу æмæ мæм æрбаулæф! — фæттъæлланг ыл кодта зæронд ус. Удаист «саби» йæ мæстæй цæхæртæ калæг мадмæ куы баулæфыди, уæд ын уый йæ нывæфтыд лæдзæгæй йæ фæсонтæ ныххафт ласта. — Гъе уый дын, дохтыры фæдзæхст кæй не ’ххæст кæныс, уый тыххæй. Нæй дын нуазæн! Зæронд лæг Æмзормæ фæкомкоммæ æмæ фæкъæмдзæстыг, пъæмидорæй сырхдæр афæлдæхт йæ цæсгом æмæ дуары æдде фæци. Æмзор мæм йæ цæст æрныкъуылдта: — Иронæн йæ мад цыфæнды карджын куы уа, уæддæр ын зæды хуызæн у, æмбарыс? Лаухан нæм йæ чысыл сау уынаг цæстытæй æдзынæг ныккасти. — Ды чи дæ? — бафарста Æмзоры. — Æмзор. — Цавæр Æмзор? — ныхъхъуыды кодта зæронд ус. — Гагейы фырт, — йæхи йын бацамыдта Æмзор. — О хуыцау, Гаге та ма дзы кæцы у?
— Дæ рухсы бадæг æфсымæр! — хъæлæсыдзагæй загъта Æмзор. — Гъа-а, Сандыо! Афтæ мын æй загътаис, æндæр! — фембæрста хабар Лаухан æмæ йæ хæрæфыртæн зæрдиаг хъæбыс ныккодта. Ахъæбыс кодта мæнæн дæр, ома, ай дæр, æвæццæгæн, нæхиуæттæй исчи у, зæгъгæ, фæлæ йæм бафæрсын аив нæ фæкасти. Ныхасæмбал ын кæй фæци, уый йæ æрцардта. Царды сæраппонд тохы бацæугæйæ-иу уæлахиз дæр кæй фæци, састы бынаты дæр-иу кæй баззад, уыдæттæ йæ цæсгомыл фыстæй баззадысты. Йе ’нцъылдтæ цæсгомы гæлир йæ мидбылхудтæй дæр нæ сæфти. Дзурæгмæ лæмбынæг хъусын чи зоны, уыдонæй уыди. Фæлæ йæм дзырды бар æрхауди, уæд ын-иу баурсмæн нал уыди. Æмзор ын йæ алы ныхасмæ дæр йæ сæр разыйы тылд кæй кодта, тынг лæмбынæг æм кæй хъуыста, уымæ 1 æсгæ диссæгтæ кæй дзуры, уый дызæрдыггаг нæ уыд. Тынг арæх-иу асдæрдта йæ цъæмæл былтæ. Афтид къæцæлты хуызæн хус æнгуылдзтæй-иу йæ ибкæ йæ уæрджытæм алæгъзытæ кодта. Уаты къуымтæм кæсыныл фæдæн. Цæсты зулæй ауыдтон фæлмæн сæракцъар диван, хæрзæфснайд сынтæгыл хæмпусцагъд хъæбысыдзаг базтæ æвæрд, ныллæг æртыкъахыг фынгыл уазал кодта халсартæй конд хъæрмхуыпп. Сынтæджы сæрмæ тæрхæгыл дупейы хосы къоппытæ æвæрд. Æппынфæстаг мæ цæст ацахста раззаг къулыл къухæй уæфт æвæджиауы гауыз. Гауызæй цæхæртæ калдтой нывæфтыдтæй фæлыст æвзист хъаматæ, бæгæнынуазæн егъау сыкъатæ æмæ рагон згæхæрд топп. — Дæ зæрдæмæ цæуынц? — бафарста мæ Лаухан. — О, — банкъуыстон мæ сæр. — Нæ дын дзырдтон, Лаухан йæхæдæг æмбисонды музей уг. зæгъгæ, — йæ ныхас æрбаппæрста Æмзор. — Уыдон иууылдæо махонæй баззадысты, — сæрыстырæй дзырдта зæронд ус— Цы лæг уыди, цы! Хъуыдыты ацыди. Йæ мидбынаты базмæлыд, цыдæр ын æнцой нæ лæвæрдта. Стæй къæмдзæстыгхуызæй дзурын райдыдта: — Нæ лæг æгас куы уаид, уæд дын, æнæмæнг, исты балæвар кæнид. Гъемæ дзы дæ зæрдæмæ тынгдæр цы фæцыди? Ницы дзы, зæгъын, райсдзынæн, цы йæ, зæгъын, тыхсын кæпон. Фæлæ мæм куы ныххатыди, уæд уыцы згæхæрд топп баЦагуырдтон, — зæгъын, цæсты гагуыйау кæй хъахъхъæны, йæ лæджы дзаумæттæй уымæй цауддæр нæй. Нагъ, зæгъгæ, йæ сæр куы батылдта, уæд хуымæтæджы нæ бадис кодтон, — Цыдæриддæр дæ хъæуы, уый айс? æрмæст уыцы топп нагъ,—загъта Лаухан. —Уыцы топпæй Хъанухъты Есе йæхæдæг æхста. Нæ лæг мæ хæрзаг йæхирдыгæй фæкæнид, — æбæрæг кæдæмдæр бацамыдта йе ’нгуылдзæй. — Уыцы топп йæхи къухæй кæм сауыгъта, уым куынæуал разынид, уæд мæ хохы дзуæртты фыдæх баййафид. Æз та, цы дын æй æмбæхсон, уырдæм нæма тагъд кæнын, — æмæ хинхудт йæ цæсгомыл ахъазыд.
— Кæддæр кæрæдзимæ топпы цæстæй чи касти, уыцы кæсгæтты æмæ дыгурæтты уæлæ уыцы хæцæнгарз бафидауын кодта. Нæ лæгмæ æнæнхъæлæджы æрбахаудта йæ фыдæй. Махоны фыдмæ дæр æрбафтыди йæ фыдæй. Афтæмæй фыдæй фыртмæ фæцыди, Гъе, æмæ нæ лæджы фыды фыды фыд... — Лаухан цъусдуг аджих. — Гъо-о, бынтондæр ныссуйтæ дæн. Цæвиттон, фæстагмæ кæй ранымадтон, уымæн йе стыр фыды фыд æмæ Есе æрдхæрдтæ уыдысты. Æмæ дын хуыцау хорз ракæна... Уæвгæ, тагъд ма кæнут, хабар куыддæриддæр уыд, афтæ уын æй йæ тæккæ сæрæй куы радзурон, уæд бамбардзыстут, уыцы ерæдзыпп мын афтæ зынаргъ цæмæн у, уый. Лауханы карæн адæймаг ма алцыфиппайаг æмæ æнкъараг уа, уый æнхъæл нал уыдтæн. Хин худт бакодта æмæ дзурын райдыдта. * * * Иу адæймаг цы хъуыды кæны, уый —знонæй абонмæ. Адæм се ’гас цы зонынц, уый та æгæрон æмæ æнусон у. Дзыхæй-дзыхмæ дзургæйæ абоны онг æрхæццæ ис, зæгъгæ, дам, Дыгуры чысыл хæххон хъæуы Доныфарсы раджы кæддæр царди æхсарджын æмæ номдзыд лæг. Йæ ном хуынди Есе æмæ уыди Хъанухъты мыггагæй. Уæды рæстæг Дыгургомы цæхгæр æмæ зынвадат фæхстыл бирæ адæм нæма царди. Чи дзы уыди, уыдон та иу стæмтæй фæстæмæ гæвзыкк цард кодтой. Уыцы уавæры-иу комбæсты адæм тæккæ зонынджындæры æвзæостой æхсæны лæгæй. Дзæвгар фылдæр адæм царди, Кæсæджы хъæздыг дæлвæзты чи æрæнцад, уыцы хъæуты. Ахæм уæздæттæ дæр сæм фæзынди, бæрзонд уæлдзарм худтæ чи дардта, сæ бинойнæгты æмæ-иу сæ чызджыты сæ къахæй сæ къухмæ дарийæ чи сфæлыста æмæ сæхи æлдæрттæ чи хуыдта. Кæсæг æмæ Дыгуры æхсæн арæн зæххыл сабыр замантæ никуы скодта. Ам-иу арæх фæныхæй-ныхмæ сты кæсгон æмæ дыгурон хæстонтæ, бафидауыны хъомыс сын-иу нал уыди. Кæсæджы царди иу хъæздыг æлдар, йæ талас къухтæ чъырау — урс, йæ даст сæр — карчы айчы хуызæн, цæргæсау уыди сæрыстыр, цæхæрцæст. Афтæ хъæздыг уыди, æмæ йæхæдæг дæр нæ хъуыды кодта, сызгъæринтæ æмæ алы зынаргъ хæзнатæй йæ рæбыны цал цъупдзаг чырыны ис, уый. Нæ зыдта, йæ дари хъуымæцтæ, йæ зынаргъ цæрмттæ, йæ дзæнхъа авг тæбæгътæ æмæ нуазæнтæ цал æмæ цал чырыны æфснайд сты, уый дæр. Фæлæ иу бæллæхæй фервæзын йæ бон нæ уыди цытджын æлдарæн. Цыфæнды хорз хæринаг ма бахордтаид, уæддæр-иу цæ фарсæй фæци. Йæ буар-иу дур фестад. Æнамонд æлдары дзæбæх кодтой сæ иуæй се ’ннæ номдзыддæр фелсыртæ æмæ дзырддзæугæ дæсныфæрсджытæ. Бон-изæрмæ-иу йæ цурæй нæ
цыдысты. Дардтой йын алы кæрдæджытæй конд цай. Йæ уæлхъус-иу гуымгуымгæнаг хъæлæсæй дзырдтой цымыдисæфтауæг æнахъинон кæлæнгæнæг ныхæстæ. Фæлæ уæлдайхуызон нæ кодта. Куыд-иу фæрысти, цы хъизæмæрттæ-иу æвзæрста кæсгон æлдар, алкæй дæр чи бахъæуы, суанг паддзæхтæ дæр фистæгæй кæдæм цæуынц, уыцы ран. Фылдæр хатт дзы-иу фыццаг кæркуасæнтæй суанг хурыскастмæ паддзахы къæлæтджыныл бадæгау фæбадти. Уым ыл-иу кæд сбон, ахæм замантæ дæр-иу скодта. Гъемæ йæ уæхæдæг дæр бамбарут, æгас Кæсæджы дæр кæй зыдтой, уыцы æлдарæн йæ рæстæг доны къусы сæфт кæй кодта, уый. Йæ хъæздыгæн æмбал кæй нæй, уый Дыгурмæ дæр байхъуысти. Амы адæмæй-иу чидæртæ ныттæхуды кодта: «Ехх, æвæдза, дзæбæх къордæй кæсгон æлдары ныхмæ рацу, йæ хæзнатæй йын иу чысыл дæхицæн бакъаддæр кæн, йæ фосы дзугтæ æмæ йын йæ хъомрæгъæуттæ нæ мæгуыр Доныфарсы æрбамидæг кæн!» Хъæубæстæ æнæхуыссæг цæмæн фесты, уый æнæ æмбаргæ нæ уыди зонынджын Есе, се ’хсæны лæг. Дзырдта сын: — Уæ, хорз адæм, хæстмондаг стут, фæлæ уæхиуыл фæхæцут. Мин мины æмæ ма ноджыдæр иу уыйбæрц сты æлдары æфсæддонтæ æмæ уæгъды рауаид нæ тугкалд. Ахæм рæстæг æрцæудзæн æмæ нын йæхæдæг нæ фыццаг скæндзæн йæ бынтæ. Раст дын уыцы рæстæг номдзыд æлдар куы сфæнд кæнид, Кæсæджы парахат уыгæрдæнты æмæ сæрвæтты йын чи хызти, уыцы рæгъæуттыл æмæ дзугтыл йæ цæст ахæссын. Фæцин кодта йæ фысты æмæ сæгъты дзугтыл, разыйæ сæ баззади. Йæ зæрдæ ныррухс и йæ дзагфæздон хъомтæ æмæ йæ нæрæмон уырсытæй дæр. Фæлæ мæнæ галрæгъæуттыл куы зылди, уæд ныхъхъуынтъызæрфыг. Сæ астæу йæ цæст æрхæцыди, кæддæр сæ аив, хæрдмæ здыхст-таст сыкъатыл сызгъæрин цæгтæ кæмæн бакодта, уыцы дыууæ æмбисонды рæсугъд галыл. Ставдуæнг æмæ æххæстфыд кæй уыдысты, сæ хæрзмыггаг бакастæй дæр бæрæг кæмæн уыди, егъау дæндæгтæ сын кæй уыд æмæ лæгъзхъуын кæй уыдысты, уымæ гæсгæ сæ снывонд кодта стыр хуыцауы бонмæ. Уартæ рагуалдзæгæй нырмæ сæрвæтты хызтысты æмæ хъуамæ ныннард уыдаиккой. Уыдон та сцола сты, уыгæрдæны хус хæлттæ æууылдтой. Адон цы сты? Уæллæгъи, адон афтæ хуымæтæджы нæ систы! Стыр кадджын хуыцауæн кæй снывонд кодтон, уыдон æнтъæрд рувæстау цæмæн сты? Удаист рæгъаугæстæ сæргуыбырæй лæууыдысты, мæстджын æлдармæ цæстызулæй бакæсын дæр нæ бауæндыдысты. — Уæллæгъи, уе ’гасæн дæр уæ сæртæ акъуырын кæндзынæн! — цæхæртæ калдта æлдар. Кæрдæджы æхсæнæй цыма сгæпп ласта, уыйау æваст йæ цуры алæууыди рæгъаугæсты кæстæр. Асæй кæд иинæтæй къаннæгдæр уыди, уæддæр се ’ппæтæй ныфсджындæр разынд. — Дæ галтæ афтæ кæй смæллæг сты, уый дæм диссаг ма
кæсæд, о нæ цытджын æлдар! Дæ рæгъæуттæ цы сты, хуыцау дын сæ уымæй ноджы фылдæр скæнæд! Фæлæ сын нал фаг кæнынц дæ уыгæрдæнтæ æмæ дæ сæрвæттæ. Лæмбынæгдæр-ма сæм æркæс. Уæллæгъи-биллæгъи, кæрдæг бындзарæй фæрæдывтой. Дæ нывондаг галтæм дæр уæлдай кæрдæджы хал нал хауы ! Æдзынæг æм ныхъхъуыста æлдар, ныхъхъуыды кодта. Рæгъаугæс æй стыф скæнын дæр нæ бауагъта: — Нæ хæхтæн се скæсæны ’рдыгæй... — ацамыдта къухæй рæгъаугæс, — цæрынц дыгур. Хъæздыг не сты, фос дæр сæм чысыл ис, фæлæ зад æмæ сойджын у сæ сæрвæтты кæрдæг. Бар нын ратт æмæ дын дæ сызгъæринсы галты Дыгуры уыгæрдæнтæм атæрæм. Æлдарæн дын ахæм зонд бацамындæуа — уымæн йæ дыккаг бон галты атардтой, кæстæр рæгъаугæс кæдæм амыдта, уыцырдæм. Раздæрау уыцы иугæндзонæй ивылди доныфарсæгты цард. Есе æхсæны лæг кæй уыди, уымæ гæсгæ дæр, стæй йæ æрдзон ахуырмæ гæсгæ дæр йæ хъус дардта, Доныфарсмæ хъахъхъæнинагæй цы уыд, уыдонмæ. Æваст йæ уари цæстытæй ауыдта дыууæ галы. Сæ сыкъатæй цыма хуртæ æмæ мæйтæ касти, уыйау тæмæнтæ калдтой. Иу æмæ дыууæ æхсæвы нæ фесты сызгъæрянсы галтæ сæ сойджын уыгæрдæнты, зæгъгæ, йæм сдзырдта йæ зæрдæ. Цы хæрзхаст сты! Хæрзмыггаг фос... Æвæдза, æвзæр нæ уаид, уыцы рæсугъд галты сойæ дæ тъæнгтæ сойæвдылд скæн, уæд! — ахъуыды кодта Есе. Дыууæ мæйы дæр æххæст нæма рауади, афтæ Есе фæдзырдта йæ хъæуккæгтæм: — Хорз адæм! Сымахмæ дзурын! Бавдæлут æмæ мын æртæрут уæлæ уыцы сызгъæринсы галты! Кæсгон æлдар иу хатт хæрзад дзидза куы нæ бахæра, уæд ын ницы уыдзæн. Уæддæр нæхи сæрвæтты снард сты. Исты мæнг зæгъын? Аргæвддзыстæм сæ æмæ æгас комбæстæн куывд скæндзыстæм. Доныфарсы лæгтæн лæгъстæтæ кæнын нæ бахъуыди. Уыцы бон сæм куывдмæ æрцыдысты æгас комы адæм дæр. Кæсæджы адæмæн æрбацæйхæццæ кодта стыр хуыцауы бон. Æлдар бацагуырдта йæ сызгъæринсы галты, фæлæ цыма зæххы скъуыды аирвæзтысты, уыйау сæ фæд дæр нал уыди. Мæстæй цæхæртæ калгæ æлдар балæууыди рæгъаугæстæм. — Цы фесты мæ галтæ? Куы нæ сæ ссарат, уæд уæ уæ къубæлттæй æрцауындздзынæн, стæй уын уæ мæрдтæ мæ куыйтæн ратдзынæн! Рæгъаугæстæ фыр тæссæй змæлын дæр нал уæндыдысты. Се ’гасы кæстæр æмæ фыдцъылысдæр та фæныфсджын ис. — Ивгъуыд къуыри фысты куы æлвыдтам, уæд дын дæ галты Хъанухъты Есе атардта. Дзурынц, зæгъгæ, дам, уымæй æбуалгъдæр æмæ тыхджындæр лæг мады гуыбынæй нæма рацыд. Адæм дзы æмризæджы ризынц.
Мæстæй рафыхти сæрыстыр æлдары туг. Йæ тъæнгтæ йын ацагъта, кæмдæр мæгуыр Дыгуры ахæм кадджын лæг кæй цæры, уый. Бардзырд радта, цæмæй йын йæ бæхыл саргъ сæвæрой, æмæ йе ’фсадимæ фæраст ис Есеимæ тох кæнынмæ. Зæдæлескы бынты бацыд æмæ уæрæх уыгæрдæны æрбынат кодта æлдары æфсад. Фæталынггæрæттæ. Хæстонтæ сæ уæйлаг нымæттæ сæ бынты байтыдтой, сæ сæргътæ сæ нывæрзæнты бакодтой æмæ сæхи æруагътой. Уайтагъд ком æдзæм сабыр ныцци. Æрмæст ма кæрдæгæй зæлыди цъырцъырæгты зæрдæагайаг зарын, стæм хатт-иу райхъуысти бирæгъы ниуын кæнæ уыджы уасын. Фæлæ æлдармæ хуыссæг æмгæрон не ’рцыдн. Ратул-батул кодта нымæтыл, йæ гуыбын æууæрста æмæ æууæрста. Къæдзæхау та ныхъхъæбæр ис йæ гуыбын, гуымсæджы тыгъд сæракау та ныддымсти. Цы йæ бон уыди, сыстади, пысылмон æгъдаумæ гæсгæ райста хъуывгъан æмæ араст, æввахсгомау сæм цы пыхсытæ уыд, уырдæм. Бады дзуццæджы æлдар, хъуывгъан йæ фарсмæ, афтæмæй бады. Йæхи афтæ ныллæмары, æмæ йæ фæлурс рустæ ныддымсынц. Уыцы æхсæв мæй касти йæ цалхыдзагæй, йе ’взист рухсмæ цæст алцыдæр дзæбæх иртæста. Есейы хуыссæг дæр фæлыгъди, йæ хъус дардта, кæсгон æфсад кæм æрæнцад, уыцы фахсмæ. Лæмбынæг сæм куы æркасти, уæд зæрдаив нымадæй базыдта æфсады нымæц, сгæй дын йæ цæст куы æрхæцид пыхсыты æхсæн дзуццæджы бадæг æлдарыл. Дардмæ йæм тæмæнтæ калдта уæларвыл ауыгъд мæйау. Есе хъуыстгонд уыди йæ хъазæн митæй æмæ уайтæккæ йæ фæнд ацæттæ: «Æлдар, уæдæ гъер дæхимæ кæс! Йу чысыл дæ æрцахуыртæ кæнон æмæ Хъанухъты Есейы дæ зæрдыл бадарай». Фелвæста топп æмæ ныхъхъавыдн хъуывгъанмæ, фехста. Хъуывгъан тæгæлтæ ахауди. Удаист æлдар фыр тæссæй... Бæстæ сдзолгъо-молгъо. Гæрахмæ æлдары хæстонтæ фехъал сты, сæ дзаумæттæ кæнынмæ фесты, фæлæбурдтой сæ хæцæнгæрзтæм æмæ ацæттæ сты тохы бацæуынмæ. Фæлæ сын æлдар бардзырд радта: — Уæ бæхтыл сбадут! Уыйбæрц дæрддзæфмæ адæймаджы адзæбæх кæнын йæ бон кæмæн у, уыимæ æз не схæцдзынæн! Æмæ йæ тыхджын æфсады фæстæмæ Кæсæгмæ акодта. Йæ адæмæй фылдæр аргъ кæмæн кодта, уыдонæй иу къордимæ бацагуырдта Доныфарсы Есейы хæдзар. Дыууæ номдзыд лæджы афтæ балымæн сты æмæ æодхæрдтæ систы. Хъæздыг æлдар йе ’рдхордæн балæвар кодта йæ бынты рæстæмбис, уымæн æмæ, Есе йын йæ хъуывгъан тæгæлтæ куы ахауын кодта, уыцы æхсæвæй фæстæмæ йæ хъизæмæрттæй фервæзти. Уæдæй фæстæмæ кæсæг æмæ дыгур цардысты фидыд æмæ хæларæй.
ÆМЗОР ЙÆ УАРЗОНДЗИНАД КУЫД БАНЫГÆДТА Уынгты цъиуызмæлæг нæма ис, уый йеддæмæ, мæнæ тындзгæ чи æруайы, уыцы мæстджын лæг йæ пырх искæуыл акалид. Гъа, уый нæ, уæд та искæмæн радзурид йæ абоны маст... Булкъæй гæмæхдæр цъупгонд сæры тенкайыл æрттивынц хуры фыццаг тынтæ, хъусрæбынты ма цы урс гæзæмæ хилтæ аззад, уыдон уддзыдау базмæлынц рог дымгæмæ. — Гъей! Уæртæ уый! Мæнæ дæ нымæтхуд! —кауы сæрты йæм цæхæрадонæй рахъæр ласта йæ ус. Уый, мæгуыр, йæ фæстæ фезгъордта сыхæгты каурæбынты æмæ, гъа ныр мæ фехъусдзæн, зæгъгæ, куы баввахс, уæд æм фæдзырдта. Лæг бындзсурæгау йæ къух ариуыгъта усы ’рдæм, кæсгæ дæр æм нæ фæкодта. Ехх, æвæджиауы бон та уыдзæн! Ссыгъдысты хæхты урсурсид цыргъытæ, хур тагъд-тагъд йæхи уæлæмæ исы. Афтæ æввахс у, æмæ йæм раст дæ цæнгтæ бадаргъ кæн æмæ йæ дæ хъæбысы æрбанорд! Æмзор хæссы тæрхæттæ. Стыр хъуыддæгтæ лыг кæны йæ сæрымагъз. Æнкъары йæ йæхæдæг — цыфæндыйæ дæр ын историмæ æнæ бахаугæ нæй. Æмæ уæд цæуыл у йæ сагъæс? Куыд цæуыл? Æндæрæбон зæронд Бола нæ амард? Амардг фæлæ цафон? Сæрдæн йæ тæккæ тынджы, тæккæ куыстафон. Уæвгæ мæлæт уыдæттæн цы зоны: зæрæдтæ мæлынц сæрд дæр, зымæг дæр — къуырийæн йæ кæцыфæнды бон дæр. Лæг æрлæууыд уынджы астæу... Нæ, уæддæр — нæ!.. «Бола хорз лæг уыди, бæргæ, дзæнæты фæбадæд! Фæлæ-ма зæгъут: майрæмбонмæ цæуылнæ бахъавыд? Уæд рæстæг куыстæн бæзгæ нæ уыд. Уарыд. Æмæ майрæмбон куы равзæрстаид, уæд æй æнцад-æнцойæ, кад æмæ радæй бавæрдтаиккам сабаты кæнæ хуыцаубоны. Ныр та йæ хъуыддаг къуырисæрмæ цæуы. Тынг æнтæф уыдзæн, æмæ фæстиатгæнæн нæй. Раст нæ бакодта Бола. Æмæ æрмæст Бола нæу: ивгъуыд къуырийы — Тикъо, уый размæ — Бечыр... Бæллæх у, бæллæх... Кусгæ та ма чи кæндзæн? Тыхсы Æмзор.Тынг тыхсы. Бригадир куы нæ уаид, уæд ма гъа. Фæлæ бонæн цухæй йæ колхозонтæ куы иуырдæм амæрддзыгой вæййынц, куы иннæрдæм. «Нагъ» зæгъæн дæр нæй: мард мард у, æмæ йæ ныгæнын хъæуы. Æмæ та Æмзор атындзыдта. ...Бола æндæр хъæумæ æрæджы аивта. Ницæмæн æй хъуыд уый дæр. Ныр æгас бон... Тобæ, «фесæфт» зæгъын тæригъæд у. Колхозы сæрдар Хъазыбегæн йæ фыды æфсымæр уыдис Бола, æмæ адæм уæлдай тынг уымæ гæсгæ бацъил сты. Лæгæй, усæй — иууылдæр цæуынц! Æвæдза, мах диссаг стæм — ирæттæ! Алцыдæр нæм — хорз, цардимæ æмдзу кæнæм, цауддæр никæмæй стæм. Æрмæст нæ марды æгъдау хæссæм, раст незаманты куыддæриддæр уыдис, афтæ. Мард æвæрыны хъуыддаг æгас дуне дæр ног уагыл рай-
дыдта, мах та зæронд æгъдауыл хæцæм, род хъуджы фæдæгыл куыд ныззæгæл уа, уыйау. Уæртæ, дам, Амырычы афтæ у: Дæ, машинæйы марды чырыны рæзты æрцу, — æрмæст чысыл фæсындæг кæн — уый дзы хъæуы! — æмæ, табуафси, скъæр, кæдæмдæриддæр дæ фæнды, уырдæм. Исты саразын хъæуы мах дæр. Æмзор нæ фæкæсдзæн Хъазыбегмæ дæр. Сæрдар нæ, фæлæ паддзах дæр фестæд! Нæ ауадздзæн адæмы. Нартхоры куыст та ма чи бакæндзæн? Æппынфæстаг, цы у ахсджиагдæр: хуымтæ барувын æви мардмæ ацæуын? Кон æрбасырх, хур æргом æртавта, фæлæ æхсæвы уымæл нырма бадти дыргъцæхæрадæтты, æмæ йæ фындзы хъæлтæ дзæбæх æмбæрстой. * * * Колхозы правленийы агъуыстытæ уыдысты хъæугæрон, тъæпæн уæлвæзыл. Ардæм раджы æрбацыд Хъазыбег. Тыргъты слæууыд дуармæ æввахс. Цалынмæ йæ уынæг нæ уыд, уæдмæ йæхи цæттæ кодта тæфæрфæсгæнджытыл сæмбæлынмæ. Хъуамæ йын уа æнкъард хуыз. Йæ дзыппæй чысыл тымбыл кæсæн дæр систа; кæсы йæ дымст сырх цæсгоммæ, куы йе уæхск анцъулы, куы йе ’фсæртæ æрæлхъивы, куы та йе ’рфгуытæ фæтаг кæны, фæлæ, — мара-зæгъай, — цæсгомы дымст фехалынæн кæд исты фæразы! «Æппы!..» — зæгъгæ, дзы цыдæр æнæбæрæджы мыхъхъ сыхъуыст, æмæ йæ кæсæн фæлурс плащы дзыппы ныппæрста. Иæ кирз цырыхъхъытæй нæууыл цы зиллакк ныннадта, уымæ фæкомкоммæ, цæмæдæр гæсгæ дзы иуварс ахызт, къухтæ сины сæрыл сæвæрдта æмæ хъæуыл афæлгæсыд. Нард рустæ цæстытыл кæд уæлæмæ æгæр схæцыдысты æмæ сæ сæлхъывтой, уæддæр сæ уынгæ хорз кодта. Хæдзæртты сырх æмбæрзæн дуртæй пихлæйттæ зыр-зыргæнгæ цæуынц хæрдмæ. Хъомвос рахызтысты кæройнаг уынгæй, тындзынц хъæдбынмæ. Зæронд Созо сæ нал æййафы, фæлæ Таймураз, йæ фырт, уæлбæхæй рæгъауы фæрсты куы размæ антъæры, куы фæстæмæ æрсиры — фæндагæй иуварс нæ уадзы стурты. Сæрдары пака фындзыхуынчъыты фæмидæг ног фаджысы тæф. Уый — æввахс фермæйæ. О, уым ма иу къабаз æмбæхст ис, йæ лымæн фермæгæсимæ цы род бакъаддæр кодтой, уымæй. Абон... Абон ма кæцæй? Цæй, кæд ын пысырайы тыхтæй дыууæ бонмæ ницы уаид. Сæлæндон дæр ног ласт бæргæ у, фæлæ йæ токыл бафтауæг нæй... Хæрнæджы стуры фыд, та æгæр ныффыцдзысты, æвæццæгæн, ныммардзысты йын йæ витаминтæ. «Волгæ»-йы багажничы ма гæххæтты тыхтонæй аззад цымæ?.. Фысы фыд дæр æвзæр нæ цæуы... Хъазыбег ацы сахат фенкъардта йæ дæндæгты æхсæнты фыды муртæ. Риуы мидæггаг дзыппæй систа æхцадон, паспорты
хуымпъыры рæнхъ-рæнхъ тъыст капрон дæндагсхъауæнтæй иу сласта æмæ дзы йе ’фсæртæ æхсæдын райдыдта. Ехх, æвæдза, цард æвзæр нæу. Æрмæст дзы мæлын куы нæ хъæуид. Бола хорз лæг уыд, бæргæ, фæлæ ноджы хуыздæр уыдаид, йæ бон нырмæ куы нæ æрхастаид, уæд... Фехæлдта бадт, замманай бадт комы сатæджы — арахъхъы карз æмæ физонæджы дзæбæхимæ... «Ай та кæцæй фæци?» Хъазыбегæн æхсныф аппарын йæ къухы нал бафтыд, йæ рахиз арм ныттымбыл кодта, галиу къухы æнгуылдзтæ та йе ’мбуар нырраст сты, афтæмæй сæмбæлд Æмзорыл. — Рухсаг уæд дæ фыды æфсымæр. Хорз лæг уыд, цардаудæн дыл бакæнæд. Сæрдар йæ сæр бынмæ æркъул кæнынмæ хъавыд, фæлæ йын уыйас ницы бантыст — ставд хъуыр роцъойæ æфцæгготы æхсæн быцæу фæлæууыд, сæвджын къуыпп радардта æддæмæ. — Æнæхъиамæт у, — ацы дзырдтæ зынæй сбырыдысты Хъазыбеджы æвдæрзт хъæлæсæй. «Ды йыл мæнæй тынгдæр нæ риссыс, уæцъæф! Цы дæ уарзта цымæ дæ фыды æфсымæр?» «Æмзорæн хист куы уа, уæд æртæ боны ахъаззаг фæбаддзынæн. Алæ-ма, цал уайынц кепипы бонтæ: фæстаг.æхсæвæрыл — фыс, йæ боны — дыууæ стуры (цот ын хорз и), дыккаг и’зæр — сыхæгтимæ сæрыхæрд, уый фæстæ сæм хионы уад бакæндзынæн æмæ æрæджиауы тæфæрфæсгæнджытимæ — бадт, къуырийы фæстæ — Фыццаг сабатизæр. Æмæ ма дзы куынæг истытæ нæ уыдзæн йæ афæдзы бонмæ...» «Æгас хъæу дæ фæдыл Мæздæгмæ кæдæм ласыс? Хуымтæ цы фæуыдзысты?.. Тобæ, Бола, ды мæм фæхъуыз. Бахатыр кæн...» «Сæрдар ды куы уыдтæ, æз — дæ хæдивæг, уæд дæу дзырдыл цыдыстæм. Ныр мæ ма хъыгдар. Бригадир дæр дын æгæр у». «Зонгæ дæ куы кодтон, уæд дæ куыд бауагътон сæрдарæй æвзарын? Бауром адæмы, кæннод атауыс кæндзынæн, Болайы марды хабар мæнг разынд, цæуын нал хъæуы... Æллæх, Бола, бахатыр кæн...» «Хъисыг дæ æмæ, Æмзор, ды никуы амæлдзынæ...» «Нæ йæ æмбарын: нæ колхозы стуртимæ иу зæххыл цæрыс, æмæ уыдон — цола, ды — нард...» Нæ, нæма рауад хъæрæй ахæм ныхас. Сæрдары басæттынæй та Æмзорæн ницы рауад абон дæр... Нæ та бахауд историмæ. Фæлæ йæм бирæ нал и! Бригадир нæ бафиппайдта, Хъазыбег йæ дæндагсхъауæн зæхмæ куыд арæцыгъта, уый. — Мемæ сбаддзынæ, Æмзор, «Волгæ»-йы. — Хорз... Рог машинæ уайы асфальт фæндагыл. Æмзор автобусы иннæтимæ куы бадид, уæд, чи зоны, афтæ бынтон æнкъард нæ уа-
ид. Уырны йæ, искуы уый дæр кæй амæлдзæн. Хъазыбег уымæй раст у. Фæлæ нырма зæрдæ кусы, æмæ Æмзор мысы, кæддæр йæ уарзондзинад йæхи къухтæй куыд баныгæдта... Уый та афтæ уыди... Иу сæумæ æрцæйздæхт æхсæвæддæ цуанæй. Хъæугæрон ыл амбæлд хъомгæс Созо (абон дæр ма фосы фæстæ чи цæуы, уыцы Созо, æрмæст уæд афтæ дæрдджын нæма уыди). Загъта йын Агуыбейы хабар: Агуыбе а дуне ныууадзынвæнд скодта, амард, чырыны хуыссы æмæ сом абалц кæндзæн уæларвбæстæм. Цуанон сах слæууыд Созойы цур, — цыма уый зианджын уыд! — ратæфæрфæс ын кодта æмæ хъæмæ фæраст. Хæдзары йе ’фсин йеддæмæ никæй баййæфта: Лизæ архайдта цæлгæнæны. — Агуыбе нал ис, фехъуыстон. — Амард, амард. Уæртæ дын дæ пинджачы дзыппы туман нывæрдтон. Лæг сынтæгыл йæхи æруагъта, иу уысм æнцад абадт, стæй цыдæр катайхуыз тамако сдымдта. Ног та аджих. Зынг хъæццулыл куыд æрхауд, уый нæ федта. Йæ комы хуылыдзæй йæ ахуыссын кæнынмæ хъавыд, нæ йæ æрæргъæвта æмæ йæм уæд æфсин уымæл хæцъилимæ æрбауад. Лæджы æнахуыр катай йæ дисы æфтыдта. Æнæдзургæйæ йын æрбахаста арахъхъы агуывзæ. Уый дæр ницы фæахъаз Æмзорæн. Лизæ цæмæй хæйрæг уыд, цы зыдта йæ мойы рагон хабæрттæн? Цыбыр ныхасæй, Æмзор хъæрмуд нæ уыдис Агуыбеимæ. «Хъæрмуд нæ уыдис» — нæ! — знаджы зæрдæ йæм дардта. Хæстæй гъæйтт лæгæй сыздæхт Æмзор. Æртæ æмæ ссæдзаздзыд лæппу, дуры аппы хуызæн, æххæст — хъаруйæ, зондæй. Уæдæ дзы риуыл дæр цалдæр æрттывта. Йæ тæккæ ус кургæйæ. Агуыбейæн та хо уыдис — Бати. Æстдæсаздзыд. Мæнæ-мæнæ рæсугъд æй не схуыдтаис. фæлæ уыцы сау хъуымбыл дзыкку-у!.. Чызджы фæсонтыл-иу куы базмæлыд, уæд уымæ кæсгæйæ Æмзорæн йæ зæрдæ æддæмæ бырста. «Нæй йын ауадзæн!» Чызгæн йæ хистæр æфсымæры фæндтæ та чи зыдта? Усгур, сусæг фидыд уал бакæнон, зæгъгæ, хъуыддагмæ æрæвнæлдта, барвыста йæ фыццаг сгарджыты. Раздæхтой сæ уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй. Агуыбе ныццæхгæр. Æмзор фæтæрк. Бирæ йын нæ ахаста. Зилы та чызджы фæдыл. Иу райсомраджы йæ бахъуыды дардта фæрвбыны. Сæ родты къорд-иу уым хибарæй хызтой чызджы бинонтæ, ацæуын-иу бахъуыдис Батийы дæр — мæнæ абоны хуызæн. Лæппу тынг раджы рацыд ардæм, къутæры рæбын бындзæфхадыл фынæй дæр аци. Батийы цъæхснаг хъæрмæ фехъал, æгæр тагъд рагæпп ласта, цонджы нарæгмæ фæлæбурдта йæ сонтæй: — Цæуылнæ мын комыс? Æз дæу аккаг цæмæй нæ дæн? Фыццаг тынг фæтарсти Бати. Йæ удаист бирæ нæ ахаста.
Чызджы мæсыг усгуры мæсыгæй фидардæр кæй у, уый хорз æнкъардта, æмæ уайтагъд йæ уд йæхимæ æрцыд. — Агуыбейы нæ фæнды. Дыууадæс даринаджы йеддæмæ, дам, уæ къуымы ницы ис, — Бати бынтондæр куы басабыр, уæд ма бафтыдта: — Сылваз дæр ма дæ хонынц. Стæ-ма, суадз мын мæ цонг! — Чи? Æз? Кæй? Мæн? — Хæстæй чи сыздæхт, уыдон дзурынц. Æмзор сагъдæй аззад. Чызг йæ цонг суæгъд кодта æмæ хъæумæ ныййарц. Сылваз... Никуы фехъуыста ацы ныхас Æмзор. Кæд æй искуы фехъуыста, уæддæр æй нæ бадардта йæ зæрдыл. Ныр æй цыдæр карз æфхæрдмæ райста. Зæд ома нæ хоны йæхи. Амбæлдтытæ кодта, дур куы нæу, мыййаг! Фæлæ — сылваз? Уый æгад куы у. Уый æвзæр куы у. — Ныр — гауарда! Ис ма дзы æндæр дзыккуджынтæ дæр. Кæддæр афтæ кæмæн загъта: «Чызгыл дзурын, æмæ мын уымæй куы ницы ратæдза, уæд — дæхи цæттæ дар!..» Лизæ!... Иæхицæй иу аз кæстæр. Ахуыргæнæг. Æрхаста йæ. Сывæллæттæ — фырыхъулы хуызæн, дыууæ чызджы æмæ цыппар лæппуйы. Бати дæр ацыд, æртындæс даринаджы кæм уыдис, ахæм бинонтæм. Ницы дзы рамбылдта. Уый йын йе ’фсымæры куыст уыди: дæс æмæ йæ ссæдз азмæ сæ уæларт фæхъахъхъæдта æмæ ма дын усгурты уырзæй кæм æвзæрстаиккой? ...Мысинæгтæ зилдух кодтой Æмзоры сæры. Рахъавыд: «Ныууадзон, æнæ мæн дæр æй баныгæндзысты». Æмæ уæд куыд фидауы? Чидæртæ, зонынц хабар. Зæгъдзысты: «Нæ йын æй хатыр кæны йæ марды бон дæр...» Раивта йæ дарæс. Араст зианджын хæдзармæ. Кæрты бакодта, фæткмæ гæсгæ йыл цы змæлд, цы æгъдау æмбæлдис, уый, æмæ бахызт марды уатмæ. Бынтон хиуæттæ — а хæдзайраг устытæ æмæ иннæ сылгоймæгтæ — чырыны алыварс бандæттыл бадтысты, куыдтой сæ иуы цъæхснаг æмæ уынгæг хъарæгмæ. Дзæвгар дзы уыд лæууæг адæм дæр. Сылгоймæгтæ сæхи цъус фæфæстæмæ кодтой. Æмзорæн фадат радтой æмæ уый дæр раздæр марды риуыл йæ дыууæ армы авæрдта, стæй цыдæр ахъуыды кодта — хъæбысгæнæгау йæхи æнгом æруагъта чырынмæ: «Рухсаг у, Агуыбе...» Йæ цæсгом фæрсмæ зылд кæй уыдис, уымæ гæсгæ фемдзаст йæ галиу фарс иу усимæ. Бати!.. — Агуыбе дæ куыд бирæ уарзта, куыд бирæ уарзта!.. — Батийы ныхас дæр рауадис йæ фарсмæ хъарæггæнæг усы ныхасау (æртæ боны йæм хъусы æмæ, æвæццæгæн, йе уæнджы ацыд хъарæг). — Мæн? — зæгъгæ, æгæр хъæрæй сирвæзт лæджы дзыхæй. Иæ сонт дзырд æмæ йæ февнæлд Батийы къухмæ — фæпу сты. Кæддæр фæрвбыны куыд уыдис, афтæ — йæ армæй æнкъары
Батийы туджы цавд. Æрмæст ныр пульсы тæлфт æндæр у: сындæг, хъуыдыгæнгæ. Бакаст ын йæ цæсгоммæ, цæст æрхаста гуырыкондыл, æмæ... хорзау нал фæци. Бати фæйнæрдæм фæцыд æнæ тæлы боцкъайау. Комарынджы — иугай дæндæгтæ æрмæст, сау дзыккуйы бынаты — урс бындзыг хæцъилимæ иумæ быдæй... Æмзор куы æрчъицыдта, уæд æм худæг фæмидæг, фæлæ уайтагъд къухмæрзæнæй амбæрзта йæ зыхъхъыр былтæ. Табу хуыцауæн, ничи йæ бафиппайдта. Уыйадыл Æмзорæн ныгæд æрцыдис йæ кæддæры уарзондзпнад. Баныгæдта йæ Агуыбейы мардимæ. Кæд уарзондзпнад дæр нæ уыдис, мыййаг, фæлæ æрмæст — Батийæн йе ’фсымæр Агуыбемæ фыдæхдзинад. ...Машинæ баввахс хъæумæ. Фæсындæг йæ цыд. Хъуысы хъарæг, мæнг кæуын. Хъазыбег дæр цæттæ кæны йæхи — фæлвары йæ хъæлæс, схуыфы, æвналы галстукмæ. Мæнæ — зианджын хæдзар. Мæрддзыгой фæсыпп сты, се ’ргом раздæхтой уынджы ’рдæм, Болайы хæстæджытæм. Æмзор иннæтимæ фæцæуы кæртмæ. Афтæ йæм фæкаст, цыма йæ размæ ис рувинаг нартхоры. хуым æмæ йæ бригадимæ æд къæпи уырдæм фæцæуы... ТУБУЛИЙЫ «БАЛБ» Къæвдайæн кæрон куы нал æмæ нал вæййы, уæд уымæй тынгдæр ницæмæй тыхсы хохаг лæг. Нæдæр уыгæрдæнмæ ацæудзынæ, нæдæр хæдзары зылдтытæм бавналдзынæ, æрмæст мамазила кæн хæдзарæй дæлбазырмæ, дæлбазырæй хæдзармæ. Уымæй дæр куы сфæлмæцынц, уæд алчи йæхи мидæмæ, хъарммæ байсы, æмæ кæд рабон уыдзæн, уымæ æнхъæлмæгæсгæйæ рæстæгмарæн фæкæны. Сабиты дæр сæ къах æддæмæ нал фæхæссы, æрмæст рудзынгæй кæсынц æмæ кæсынц мигъæмбæрзт фæхстæм, хъуынтъыз арвмæ. Суанг сæумæйæ къæвда тыгъдызæйтæ ныллæууыд. Мах æм фæсабырмæ æнхъæлмæ кæсæм, уый та тыхджынæй тыхджындæр кæны. Уыцы уæнгмардæй æнæбары хъеллау кæнæм хæдзары къуымты, хуыссæг ныл стыхджын. Сынтæгмæ кæнæ диванмæ йæхи хæстæгдæр байста алчи, ком ивазгæ кæрæдзимæ æнхъæлмæ кæсæм, кæд исчи йæхи æруадза, уæд æй æз дæр бафæзмдзынæн зæгъгæ. Арвæн цыма йæ æхгæнæн гомæй баззад, уыйау æнæвгъау калы æмæ калы. Иуæй иннæ карздæр æлгъыст хауы Лизæйы дзыхæй: — Дæлæмæ æрхау бынтондæр, искуы ма куы банцайай, уæд! А?сæм ма хъаймæты рæстæг фендæуы! Худæн дæр ыл нæй сылгомагыл: знон хуыссæны цъæрттæ баудæста æмæ сын абон æнæ цæхсгæ нæй. Ныр сæ марадз æмæ-
цæхс, кæд бахус уыдзысты, уый та хуыцау йеддæмæ ничи зоны. Гæрстæхсæн машинæйы гуыв-гуыв уыцы æнæрынцойæ бæргæ хъуысы, фæлæ йæ бын фæхуыйкъ æмæ дзы сындæггай дон хъары. Дон, дон, дон... Дон йеддæмæ ницыуал ис а дунейыл. Кæрты дуары уæззау хъинц фæцыд, æмæ рудзынджы æддæты цавæрдæр æндæрг æрбаивгъуыдта. Цасдæр рæстæджы фæстæ тыргътæй æрбайхъуыстыты нæлгоймаджы уæззау санчъехтæ. Цъыфæйдзаг резинæ цырыхъхъыты æрбахызт Æмзор, йе уæхсчытыл сау уæйлаг нымæт. Лизæ дзургæ ницы скодта, афтæмæй мæнырдæм æрбадзагъул. Æз та Зæлинæмæ бакастæн. Зæлинæ, мæгуырæг, йæ хъаст дарддæр кæмæ бахæсса, уый нал ис, æмæ йæ фыды цырыхъхъытæм джихæй баззад: пъолы фæйнæджытæ æнæуи дæр фаг счъизи сты, ныр сын æнæ рахсгæ бынтон нал ис. Æмзор йæ хуылыдз нымæт сынтæгмæ куы баппæрста, уæд Лизæйы цæсгом фыр мæстæй сырххъулæттæ афæлдæхт. Суанг йæ хæлаф дæр ма ныххуылыдз Æмзорæн. Лизæйы ’рдæм кæсгæ дæр нæ бакодта, афтæмæй шифанермæ бацыд æмæ цыдæр агуры. — Мæ цъæх хæлаф мын цы фæкодтай?!—шифанеры дзаумæттæ сæрæй бынмæ куы рафæйлыдта иууылдæр, æрмæст уæд райхъуысти йæ мæсты хъæр. — Цæмæн дæ бахъуыди уыцы тыхстæй? Мæнæ йæ æхсын. — Тобæ, хуыцау! Ничи йæм хъусы? Æнæхъæн афæдз æй йæ къухмæ дæр нæ райста, ныр æхсыныл сбæндæн. Хорз рæстæг ссардтай! Æхца цы фесты? — Цавæр æхца? — Мæ мызд хæлафы дзыппы уыди. — Æмæ сæ æз куы нæ федтон... — Лизæ цымыдисхуызæй гæрстæхсæны сæрыл схæцыди, æркаст æмæ йæ уайтагъд фæстæмæ ахгæдта. — Æллæх, æллæх, æнхъæлдæн, цыдæр дзы ленк кæны... Хъæр. Цъæхахст. Хъæлæба. Мæнмæ гæсгæ, хæдзар суанг йæ бындзарæй æнкъуысы. Æнæнхъæлæджы арвы цæхæр иу кæронæй иннæмæ акалд æмæ хæдзары къултæ æцæгдæр нынкъуысыдысты арвы тыхджын нæрынæй. Æвыдæй аирвæзæм, уый мæ нал уырны... Дыккаг бон тæмæнкалгæ хур скасти. Рог дымгæмæ пæр-пæр кæнынц кæрты иу кæронæй иннæмæ бæндæныл ауыгъд ногæхсад хуыссæны цъæрттæ. Стæхынæввонг маргъы базыртау сцырын сты бæндæнмæ фидаргонд фæлурс сырхбын гæххæтты гæбæзтæ. Æмзор хъуынтъызæрфыгæй зилы кæрты къуымты, æнхъæлмæ кæсы, æхцатæ кæд бахус уыдзысты, уымæ. — Лæгæн йæ бинойнаг сæнтдзæф куы уа, уæд афтæ вæчйы йæ хабао. Куысты мидæг иу æдылыимæ удхарæй кæй амардтæн, уый мын цыма фаг нæ уыди. Хъазыбегæй зæгъын. Ногæй та бæстæ сызмæста. Фæлæ ма йын кæд бирæ батайой йæ галиу митæ, уæд æз мæ фыдæн фыртæн нæ райгуырдтæн! Фендзыстут æй уæхæдæг! Фæлæ ныхас ныртæккæ ууыл нæ цæуы. Хорз æмæ
Тамби уæллаг сыхаг Лидæйы бауарзта, æмæ нæ зæронд Мæхæмæтимæ минæвар фæцæуын бахъуыд. Минæвар куы нæ ацыдаин, уæд нозтджынæй нæ хæдзармæ не ’рцæйздæхтаин, хъæдын хидыл мæ æрбахизын нæ бахъуыдаид, мæ акомкоммæ телыхъæдыл цырагъ раст тæккæ уыцы уысмыл нæ нытътъæпп кодтаид, æмæ донмæ нæ ныххаудтаин.Уый нæй, уæд мæ хæлаф дæр нæ ныххуылыдз уыдаид, æмæ ивинаг дæр нæ фæцадаид. Зонгæ дæр æй нæ бакодтаин, мæ цъæх хæлаф цы фæцис, уый. Хорз æмæ афоныл æрбахæццæ дæн, æндæра йæ нæ сылыстæг æд æхцатæ бынтон сфыхтаид. Тубулийы цæрæнбонæн кувæд, уый йеддæмæ æгасæй нал баззадаид. Дæрдты йыл цы дзурæм: доны куы ныххаудтæн, уæд мыл Мæхæмæт схæц-схæц бæргæ кодта, фæлæ йæхæдæг дæр къуымæлдзæф уыди æмæ йæ тъыллупп мæ фарсмæ фæцыд. Уый мæн хæрдмæ хизын кодта, æз — уый, æмæ нын ницыуал æмæ ницыуал æнтыст донæй слæсынмæ. Æхсæв нын доны æнæбаззайгæ нæй, зæгъгæ, куы скарстон мæхицæн, уæд дын Мæхæмæт саст цырагъы ’рдæм скаст æмæ риуыдзагæй ныуулæфыди: «Тæхуды, ныр уæд та Тубули йæ алæмæттаг балбимæ ам куы фестид...» Тубулийы коймæ мыл худæг бахæцыд, æмæ артæнхæлд фестæм, доны астæу кæй хъуырдухæн кæнæм, суанг ма рæ уый дæр байрох. Йæ цæрæнбон бирæ Тубулийæн, науæд æмбисонд кодтаин дысон—æгасæй нал ныууагътаин нæ усы... Табу хуыцауæн, бахус сты, —æхцатæ иугай-иугай бæндæнæй æфтауынмæ бавнæлдта Æмзор. — Балб та цы амоны дыгуронау? — Дыгуронау ницы, фæлæ Тубули цырагъ афтæ хуыдта, Америкæй куы æрбаздæхти, уæд. Уый кæд æмæ кæд уыди — незаманты. Кæд дæ фæнды, уæд дын йæ хабар радзурдзынæн. * * * Зæронд Багъраон сæ цурмæ куы æрхæццæ, уæд ын ныхасы .лæгтæ æгъдаумæ гæсгæ сыстадысты. Фæлæ сæм Багъраон кæсгæ дæр нæ фæкодта, афтæмæй сæ рæзты æривгъуыдта йæ цæсгомыл æнахуыр мидбылхудт хъазгæ. Ныхасы лæгтæ йæ фæдыл джихæй баззадысты, иу цасдæр æдзæмæй фæлæууыны фæстæ кæрæдзимæ фæрсæджы каст бакодтой. — Цы йыл æрцыдаид? — Йæ зондæй фæцух, — арф ныуулæфыд ныхасы хистæр Гаге. Йæ азтæ сæдæмæ фæхæстæг сты, царды мидæг цы нæ федта, уый нал баззад, фæлæ ахæм диссаг — никуыма: æрмæст хистæр нæлгоймæгтæн кæдæм ис æрбацæуыны бар, уыцы ныхасы тæккæ рæбынты сылгоймаг æривгъуыйæд, ноджы ма худæнбылæй? Фыр диссагæй цасдæр рæстæг сдзурын ничиуал сфæрæзта, стæй уæд дæс æмæ æртиссæдзаздзыд Хазби загъта: — Йæ зонд йæхимæ бæргæ ис, фæлæ йæ фырт Тубули ссæуинаг у Амырыкæй.
Лæгтæ ногæй ныхъхъус сты. Æдзынæг кæсынц, сæ акомкоммæ фахсыл цы хъулон стурты рæгъау хизы, уымæ. Банхъæлæн уыд, æмæ сæ Багъраоны æнæуæздан ми байрох, фæлæ та Гаге йæхи нал баурæдта: — А дуне цæрынмæ нал бæззы, æвæдза... Искуыдæр ма уый фендæуыд — сылгоймаг ныхасы цурты зыхъхъырдæндагæй æрцæуы! Худинаг æмæ аллайаг! Тфу! — къæхты бынмæ æрту кодта зæронд. — Мæ заманы сылгоймæгтæ ныхасы цурты сæ къах дæр никуы æрæвæрдтой. Гъа, æнæрцæугæ нал ис, уæд та цалынмæ адард уой, уæдмæ фæрсырдæм цыдысты, лæгтæм сæ чъылдым куыннæ разилой, афтæ. Цæй уæздап уыдысты, æвæдза, уæды рæстæг чындзытæ, цæй бæрц кад кодтой хистæртæн... Къостайыл хæрзæрæджы сæххæст дæс æмæ дыууиссæдз азы æмæ йæм нырма ныр æрхауд ныхасы рабадыны бар. Нæуæндонхуызæй йæ фæсхъус. аныхта: — Уæд заман ахæм уыд. Ныр та æндæр рæстæг у. Бахатыр кæнут, фæлæ поезды кой искуы фехъуыстат, хорз адæм? Залиаг калмау къуыззитт кæны, Ростовы дзы куы сбадай, уæд дыууæ бонмæ Мæскуыйы балæудзынæ. Науæд машинæтæ — хæлаф зæгъай, хæдон зæгъай — сæхæдæг æй хуыйынц. Уæддæр дзы мæ зæрдæмæ патифонæй тынгдæр ничи цæуы. — Пантифон, и? — йæ сæр банкъуыста Гаге. — Цæй пантифон?! Па-те-фон! Доныфарсы дæр дзы иу ис. Бетрозты Бекыр æй саргъы бæхæй баивта. Йæ хæцæн ын æрзил, æмæ зарын байдайдзæн. — Ау, уый та куыд, цардæгас у æви? — ныддис кодта Гаге. — Уæдæ! — иннæтæм йæ цæст æрныкъуылдта Къоста. — Мидæгæй дзы бады нæхи Бæдзо æмæ зары. Зæронд ыл нæ баууæндыд: — Æмæ йæ æз хæрзæрæджы куы федтон, куыроймæ ссинаг фæцæйласта. Кæстæртæ Къостаимæ иумæ пыррыччытæ кæнын байдыдтой. Гагейы фырт Иналыл æртиссæдз азы йеддæмæ нæма цæуы. йæ фыды раз ын ныхасы рабадыны бар нæй, æмæ уæдæй нырмæ дæр æдзæмæй лæууы дæрддзæфгомау. Фæлæ ныр йæхи нал баурæдта: — Цæй стыр зонды хицау сдæ, Къоста, уыцы Ростовы! Æвæццæгæн дæ фæстаг суаритæй зонд æлхæнынмæ фæцыдтæ уырдæм, уый йеддæмæ дзы афтид дзыппытимæ нæ сыздæхтаис... — Лæгæн йæ сæр йæ дзыппæй дзагдæр куы разыны, уæд уый æвзæр нæ вæййы хатгай. Науæд де ’фсымæр Созæйæн фыр зыдæй йæ сæр дзæгъæлтæ кæнын райдыдта, — мæстæймарæн дзуапп радта фидисгæнæгау Къоста. Сæ ныхас хылмæ кæй расайдзæн, уый Хазбийæ раздæр ничи бамбæрста, æмæ цæмæй райдыдта, уымæ йæ аздæхта ногæй: — Цымæ кæд схæццæ уыдзæн Тубули? Рагæй фæстæмæ дæр сæнтдзæф уыди... — Кæддæр æй йæ фыд сасиримæ дон хæссынмæ арвыста.
Сасир-иу доны ауагъта, фæлæ йын-иу уайтæккæ авдæлон æмæ йæм стыр диссаг касти, — сæ сабибонты хабар æрымысыд Къоста, æмæ дзы йæ маст æрбайрох. — Науæд æй цæукъа дуцыныл куыд бафтыдтой, уый та? — ныххудт Баде. — Æнæхъæн къуыри йæ ных рæсыдæй фæхаста. Лæгтæ хуры хъарм тынтæм сæхи тавтой. Алчи сæ хинымæр хъуыды кодта: «Табу хуыцауæн, æгайтма сæрæй æххæст разындтæн æмæ Тубулийау худинаг нæ фæдæн». — Йæ... йæ... йæ... — цыдæр радзуринаг уыди Тубулийы тыххæй Инал дæр, фæлæ-иу фыр худæгæй ферхæцыд. Æппынфæстаг сфæрæзта: — Йæ сыхаг ын цы загъта, уый та: «Уæ æнгуз тæккæ ауæдзыл ныссагътат æмæ мæ цæхæрадонмæ аууон дары. Акъуыр ын йæ къалиу». Тубули дæр иукъахыг хырхимæ схызги, къалиуыл сбадт æмæ уыцы зæрдиагæй хырхынмæ бавнæлдта. Æд къалиу куы æрхауд æмæ йæ къах куы асасти, уæд дæр æм нæ бахъардта, цы йыл æрцыд, уый. Æппынфæстаг ныхасы адæм Тубулийы хабæрттыл худынæй бафæлладысты. Уæдмæ зæронд Гагейы хуыр-хуыр райхъуысти. — Чи зоны, Амырычы фæзондджындæр, — загъта Хазби. — Истытæ дзы æнæ базонгæ нæ фæцадаид. Æмæ та ногæй Тубулийыл тæрхæттæ райдыдтой. Иутæ разы уыдысты Хазбийы хъуыдыимæ, иннæты нæ уырныдта, Тубули фæзондджындæр уыдаид, уый. С,æ ныхас сын Къоста балхынцъ кодта: — Цытæ дзурут, цытæ! Тубулийæн Амырык дæр ницы феххуыс уыдзæн æмæ Турк дæр. Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ Тубули дæр Амырыкæй фыдæлты уæзæгмæ æрбахæццæ. Цымыдис сылгоймæгтæ сæ куыстæгтæ æрдæгкондæй ныууагътой æмæ кауты сæрты ракæс-ракæс кæнынц, мыййаг, бæлццоны æрбацæйцæугæ куы нæ фенæм, зæгъгæ. Нæлгоймæгтæ кæд дзургæ ницы кæнынц, уæддæр абон хос кæрдынмæ нал ацыдысты, ныхасы бакъорд сты æмæ аивæй сæ цæст дарынц комы дымæгмæ, фæндаггон кæд фæзындзæн, уымæ. Лæппуты цымыдисдæртæ хъæугæроны бæрзонд нæзытæм схызтысты, чызджытæ та уæлхæдзæрттыл хæцъил чындзытæй хъазынц, Тубулийы чи раздæр фена, уымæ æнхъæлмæ кæсынц. Æнахуыр бæлццоны æппæты разæй федтой лæппутæ сæ уæлцъуппæй. Рæгъæд кæрдотæ куы хауой, уыйау кæрæдзийы сæрты бæлæстæй æргæппытæ кодтой æмæ æзфæраздæрæй хæрзæггурæггаг дугъы ныййарц сты Тубулипы хæдзармæ. Хæрзæггурæггаджы хæйттæ сын сæ къухты фæсагътой, Багъраон йæ хъæбулы æрбацыдмæ цы куывд скодта, уымæй. Уæдмæ бæлццоны иннæтæ дæр федтой. Цымыдисæй кастысты йæ æнахуыр дарæсмæ, уырнгæ дæр сæ нæ кодта, Тубули у, уый. Иæ кæддæры сау цухъхъайы бæсты йыл уыд цыбыр уæлгукр егъау цæппæртимæ. Хохаг æлвæстфадыг хæлафы бæсты уæрæхфадыг хæлаф, æрмæст ын гыццыл цыбырад кодта, ноджы
ма йæ тæккæ æрбадæн æмпъызт. Йæ къæхтыл — уæззау батинкæтæ, фæстæдæр куыд загъта, афтæмæй сын баихсийæн нæй — хохаг сæрак дзабыртæ цы сты сæ разы! Йæ пæлæхсар теглахуд дæлиау конд. Бæлццоны америкаг æнгæс сæ зæрдæмæ кæд тынг нæ фæцыд, уæддæр сæм фаг днссаг фæкаст. Бынтон дисы та сæ йæ сызгъæрин доны тылд сахат бафтыдта, æрттиваг лыстæг рæхысимæ. Тубули сахат байгом кодта, æмæ разындысты цалдæр къаннæг дæндагджын цалхгонды, уыцы æнæнцойæ зылдысты æмæ зылдысты. Сылгоймæгтæ фыр диссагæй сæ армытъæпæнтæ кæрæдзийыл хостой, нæлгоймæгтæ та сæхи æнæфендæй равдисыны бæсты схуыф-схуыф кодтой, сæ лулæтæ дæр сæ байрох сты. Кæс-ма, дæ хорзæхæй, нæхи Тубулимæ! Кæддæры æдылыдзæфæй цæй лæг рауадис. Аивæй кастысты бæлццоны хызынмæ — иугæр йæ дзыппы ахæм диссæгтæ кæм дары, уым уагæр йæ æвæрæны цытæ уыдзæн? — Сахат та циу, сахат? Нæхимæ уын дпссæгты диссæгтæ фенын кæндзынæн — балб! — бацыбæл кодта йæ хъæубæсты Тубули. Уый дын лæджы ныхас. Нæлгоймагæй, сылгоймагæй араст сты Тубулийы фæдыл æмæ фæндагыл тæрхæттæ кодтой: цымæ цы разындзæн уыцы диссаджы амырыкаг балб! Бахæццæ сты Тубулийы хæдзармæ дæр æмæ йæ фæдыл мидæмæ бахызтысты. Къонайы гуыр-гуырæй сыгъди арт, цуайнаджы фыхтис кусарт. Тубули йæ кæстæр æфсымæртæн æмæ хотæн, сыхы сывæллæттæн се ’ппæтæн дæр байуæрста рæсугъд æрттиваг цъарджын адджинæгтæ. Йæ мадæн балæвар кодта нывæфтыд кæлмæрзæн, фыдæн та — йæхи сæрыл чи уыд, уый халдих теглахуд. Худ къух-къух ацыд, иууылдæр æй куы федтой, уæд лæппутæм бахæццæ. Уыдон дзы дызæгъ-мызæгъы пуртийæ хъазыныл схæцыдысты, æмæ æмбонды сæрты куы атахт, уæд æм ничиуал ракаст; уалынмæ йæм иу ногзад род фæкомкоммæ æмæ йæ æууилын байдыдта. Нæлгоймæгтæ уаты къулы рæбын дæргъæй-дæргъмæ хъæдын бандоныл æруагътой сæхи. Сылгæймæгтæ дуаргæрон бакъорд сты, сæ къубал ивазгæ кæрæдзийы сæрты цымыдисæй кæсынц: абабау, мацы сæ аирвæза. Иууылдæр æй куыд уыной, афтæ Тубули хордзены йæ къух ауагъта, иуцасдæр рæстæг æй фесгæрста, стæй дзы уæд газеты тыхтæй цыдæр систа. Адæмæн сæ цæстытæ ныдздзагъыр сты. Тубули газет райхæлдта, сæгъы дымст мисындзæджы æнгæс авг дзы райста, йæ мидæг хæлуарæджы тыны æнгæс цыдæр. — Мæнæ уый та у балб! — сæрыстырæй загъта амырыкдзау. Сылгæймæгты сусу-бусу райхъуыст, иу нннæмæн мынæг хъæлæсæй дзырдта: «балб... балб», дуары æдде чи лæууыд, суанг ма уыцы уайсадæг чындзытæй дæр сирвæзт: «балб». Тубули зынæрвæссонхуызæй се ’ппæтыл дæр йæ цæст ахаста:
Цы дзаума у, уый кæцæй зондзыстут, æмæ уын æй æмбарын кæнын — балб цырагъ у, рухсгæнæн цырагъ. Амырычы йæ изæрыгæтты ссудзынц, æмæ хурау ныррухс вæййы бæстæ. Цыфæнды мæйдар æхсæв дæр Шикагойы — уæвгæ йæ сымах кæцæй зондзыстут: афтæ хуыйны, æз кæм уыдтæн, уыцы амырыкаг горæт; о, æмæ, зæгъын, Шикагойы уынгтæ цыфæнды мæйдары дæр бонау рухс вæййынц. Адæмы дзолгъо райхъуыст, ома ай махмæ æппын куыд ницы хæццæ кæны дунейы æмбисæндтæй. — Ныртæккæ диссаг фендзыстут! — ныхъхъæр ласта Тубули. — Аххæрæджы къæпсырыл бафидар кæндзынæн балб, æмæ нæ хæдзар боны рухсæй ныррухсдæр уыдзæн. Хабар изæрдалынгты уыдис. Тубули фынгыл алæууыд, балбыл рæхсæны гæбаз абаста æмæ йæ аххæрæгыл бафидар кодта. Фидаргонд æй куы фæцис, уæд æрдзырдта: — Нæзы цырæгътæ иууылдæр ахуыссын кæнут! Лæппуты сæрæндæр февнæлдта æмæ хæдзары астæу æфсæн чъилыл фидаргонд нæзы цырæгътыл радгай ныффу кодта, æмæ ахуыссыдысты. Хæдзар нытталынг. Иуцасдæр сыбыртт никæцæй хъуысыд, иууылдæр æнхъæлмæ кастысты, цы уыдзæн, уымæ. Никуы æмæ ницы. Фæлæ æнхъæлмæгæсæн дæр кæдмæ ис, æмæ æппынфæстаг Хазби афарста: — Цы хабар у, Тубули? Истæмæй дын феххуыс хъæуы? — Нæ... нæ... ницы æххуыс мæ хъæуы, — къуызгæ дзуапп радта Тубули. Балб иуырдæм дæр азылдта, иннæрдæм дæр. Никуы æмæ ницы. Мæгуыр амырыкдзауы сурхид акалди. йæ зæрдæ бауазал. — Ау, æмæ йыл цы æрцыдаид? Амырычы хурæй тынгдæр куы рухс кодта. Æвæццæгæн, дард фæндагыл кæнæ фехæлд, кæнæ уымæл ссис. Нæлгоймæгтæ фæфыдæнхъæл сты æмæ сæ хъуыр-хъуыр райхъуыст, стæй уæд сылгоймæгты чыр-чыр ссыд. Ахæм заман иугæр иу адæймаг схудæд, уый йеддæмæ йæ худæг ничиуал бауромдзæн. Цасдæр рæстæджы фæстæ иууылдæр хъæлæсыдзагæй худтысты амырыкдзауыл. Иугай-дыгай æддæмæ хизын райдыдтой. Æрмæст Багъраон уыцы мæгуырхуыз æмæ сæркъулæй лæугæ баззад йæ хъæбулы фарсмæ. Се ’ппæтæй зæрдиагдæрæй худти Къоста. Уымæн æмæ иннæтæй хъауджыдæр дард Ростовы федта электрон цырæгътæ, стæй цы хуызы судзынц, уый тыххæй дæр цыдæртæ фехъуыста. Нæ ронбастыл æрхæцыд, афтæмæй лæгтæн дзырдта: — Ныр дæр уæ нæма уырны мæ ныхас — Тубулийæн Амырычы дæр нæ разындзæн хосгæнæг!
КЪÆДОРÆ Сæумæйæ иугæр фыццаг уасæг ныууассæд, уый йеддæмæ йын уайтагъд хъæуы алы кæрæтты налдæрæй дзуапп ратдзысты. Къуымбилæй хъæццулы бын мæ фæлмæн хуыссæны æнæбары æрыхъал вæййын. Бæстæ æдзæм, сыбыртт никæцæй хъуысы. Афтæ ахæссы иуцасдæр рæстæг. Стæй æвиппайды мингай къæхты тъыбар-тъыбур ссæуы, фысты æмæ сæгъты уасын, стурты æмбу сиу вæййы. Фосы уынæрмæ куыйтæ дæр сæ рæйынæй нал æмæ нал фенцайынц. ...Æрыхъал хæхбæстæ. Райгуырд ног бон, сатæг, сабыр; кæрдæгыл, сыфтæртыл хъазынц æртæхы налхъуыт Фæрдгуытæ. Рудзынджы фæхстæ байгом кодтон æмæ уынгмæ ракастæн. Фосæн сæ кой дæр нал ис, хизынмæ аивгъуыдтой, æрмæст ма сæ фæдтæ бæрæг дарынц фæндаджы рыгыл. Уæлдæр скæс, æмæ дæ цæстытæ бацъынд кæн, æндæр гæнæн нæй — æгæр диссаджы рæсугъд ныв уыныс, йæ тæмæнкалгæ цæхæрæй бакуырм уыдзынæ. Хур æфсæрмхуызæй зивæг кæны къæдзæхты чъылдымæй скæсынмæ, фæлæ уæддæр йæ-фыццаг тынтæ сæмбæлдысты ныгуылæны ’рдыгæй цъитиджын къæдзæхтыл æмæ рухсы уылæнты сæхи найынц. Хуры судзгæ къори йæхæдæг дæр бирæ нал бафæстиат фæсхох æмæ бынтон хæстæгæй—дæ къух сдар æмæ йылг андзæвдзынæ — сзынди, ком æнæхъæнæй æмрухс ныккодта- Арв сын адæймаг фефсæрынæй тæрсы. Уыцы дзæнæтон нывы уындæй мæ улæфæнтæ ахгæдтой, æнкъарын, æрдзы раз адæймаг цæйбæрц æнæбон у, уый: адæймаг нал уыдзæн, хæхтæ, арв баззайдзысты... Мæ уæларвон хъуыдытæ кæронмæ нæ ахæццæ сты; дæллаг рудзынгæй ракаст Æмзор. Зноны бадты фæстæ йæ сæр тъæппытæ хауы. — Уыныс уæлæ уыцы къæдзæхтæ? Ныгуылæны хуыйны Уæзæйы хох. Сæрд Дæр æмæ зымæг дæр ууыл сæмбæлынц хуры фыццаг тыптæ. Йæ дæлбазыр та ис Дасийы хох. Цуан кæнынæн уымæй хуыздæр бынат не ссардзынæ. Кæлдæр дзы иу дзæбидыр амардтон. Йæ сыкъатæ мæнæ ахæм уыдысты! — йæ дыууæ цонджы кæйонг æххæссынц, уыйонг сæ айвæзта Æмзор: ма йыл уæ зæрдæ фæхудæд —цуанон у.—Скæсæны ’рдыгæй та дæм зынынц Сау хох æмæ Урс хох. Уыдонæй фылдæр никæй уарзын. Уымæн æмæ хур дæр сæ астæуты скæсы- Æхсæв мæ хуыссæг куы фæлидзы, уæд уыдоны ’рдæм вæййы мæ каст, кæд мæм нæфæзынынц, уæддæр. Хуры фыццаг тын хъамайау сæ астæуы куы фæзыны, уæд æз дæр мæ хуыссæнæй рагæпп ласын. Æмзор исдуг ныхъхъус, хæхтæм æдзынæг фæкаст, стæй мæ уæд афарста: '— Дæуæн дæр дæ сæр афтæ тынг риссы? — Мæнæн? Мæнæн та цæй тыххæй хъуамæ рисса? — О, хæдæгай, айрох мæ: ды куы ницы банызтай. Уæллæй,
сылгоймæгтæ, дзæнæтон цард уын ис, уæддæр ма хъаст кæнут. Уагæр ма уæ мæнау æгъдау куы æрцахсид æмæ уæ сæр къулыл куы хоиккат, фæстаг хатт нын фæуæд, абонæй фæстæмæ сыкъа мæ дзыхмæ дæр нал сисдзынæн, зæгъгæ. Æллæх, æллæх, мæ сæр ратоны, — дыууæ армæй нылхъывта йæ къæмисæнтæ. — Тæхуды, æмæ сылгоймаг чи фесты! — Йæ рæсыд цæсгомыл хатыркурæг мидбылхудт ахъазыд. — О, бæгуы тæхудиаг стæм мах... — Кæд уæ нæ уырны — гауарда! Уæвгæ, мæ фыр тыхстæй афтæтæ дзурын. Уый йеддæмæ сылгоймаджы цармы бацæуон? Хуыцау бахизæд! Дæхæдæг æй уыныс, — йæ гæмæх сæрмæ сæвнæлдта, — цæйбæрц рацардтæн, уæддæр сæрæй æххæст сылгоймагыл никуы бамбæлдтæн. Æххæст цы хоныс, сырд ма уæд, уый йеддæмæ. Мæнæ махоны тыххæй зæгъын... Йæ хъуыры абадтæн: — Лизæйæ ма дæ уæздандæр æмæ хæрзæфсармдæр сылгоймаг цы фæнды! — Тобæ, тобæ, хуыцау! Йæ митæй мæ сæрæн нал дæн. Æппындæр æнцой нæ зоны: куы иу æдылы хъуыды йæ зонды фæкуыси уыдзæн, куы иннæ. Йæхæдæг цыфæнды кæнæд, фæлæ ма дзы мæн дæр фæтъыссы. Уымæй дæ æнцой нал ныууадздзæн. Æмæ хуыцауы тобæйæн иунæг хатт уæд та рæстмæ куы разыниккой йæ фæндтæ. Рагацау ын бæргæ фæуынын йæ æдылы митæ, уæддæр мæхицæн ныхъхъус вæййын. Уадз æмæ цин кæна... — Нæ зонын, кæцы растдæр разына уæ дыууæйæ... — Уæллæй, сгуырысхо мæ кодтай... — Рудзынджы аныгъуылд. Цасдæр рæстæг никæцæй зыны. Фæстагмæ куы фæзынди, уæд раздæрау пыхцыл нал у, æвæццæгæн, йæ цæсгом уазал донæй æрæнхъæвзта, æмæ йæ рæсыд æрбадт. Йæ уæлхъусы цалдæр мæнг æрдуйы дæр биноныг ныффаста. Йæ ныхас — уæзбындæр, хъуыдыджын: — Мæхинымæр æртæрхон кодтон æмæ йæ куыд бамбæрстон, афтæмæй иууылдæр мæнг уыдысты мæ ныхæстæ. Нывыл сылгоймагыл никуы бамбæлдтæн мæхæдæг, фæлæ йæ æрыхъусæггагæй зонын, ахæмтæ кæй ис, уый. Сæ иуы ном мæ дæлæвзаг рауай-бауай кæны. Æгас нал у, мæгуырæг. Уæллæй, ахæмтæ гуыргæ дæр нал кæнынц мах рæстæджы. Лизæ цалынмæ æрхæц-æрхæц кæны йæ аходæнимæ, уæдмæ дын æй радзурдзынæн. Уæвгæ, цалынмæ аходæнимæ архайа, уæдмæ сихор афон дæр ралæудзæн. *** Раджы заманты Дыгургомы дыууæ хуызы сылгоймæгтæ царди. Сæ иутæ ссæст æмæ æфхæрд, иннæтæ — сæрæн æмæ куырыхон. Фыццæгтæм ныхасы бар нæ хауди; царды мидæг фыдæбон æмæ хъизæмар йеддæмæ ницы зыдтой, афтæмæй æнхъæлмæ кастысты адзалмæ, сæ удхарæй кæд фервæздзысты, уыцы бонмæ.
Сæ лæгтæ-иу сæ кæд æхсæв хъæццулы бын æрхъуыды кодтой, æндæр искуы сты, не сты — нымады дæр сæ никæмæ уыд йæ ус. Æнæ хинцъ, æнæ уынæрæй-иу аивгъуыдтой а дунейæ. Сæ фæд дæр-иу нал разынд. Фæлæ сæрæнтæ дæр куыннæ уыд хохаг сылыстæгæй. Ныфсджын, хъаруджын, хъуыдыджын. Суанг ма лæгтæ дæр цыдысгы семæ тæрхон кæнынмæ, куыд кæнгæ у, уый-иу сæхи сæр куы нал ахста, уæд. Ахæм сылгоймаг амарди, зæгъгæ, уæд æнæхъæн комæй æмæ суанг æндæр кæмттæй дæр æмбырд кодтой мæрддзыгой. Бирæтæ-иуæй кæд айдагъ æрыхъусæггагæй зыдтой, уæддæр сæхицæн хæсыл нымадтой ахæм номдзыд сылгоймагæн фæстаг фæндараст зæгъын, тæккæ фæсвæддæр хъæутæй дæр æрбалæууыдаиккой зианы уæлхъус. Ирон лæгæн та йæ зианмæ цас фылдæр адæм æрæмбырд уа, уыйас кадджындæрыл нымад у. Кадджын æмæ радджын адæймаг уыд стырдыгураг Къæдорæ. Лæгау хъæддых, зынтæн фæразон, тыхтухитæй арвыста йæ царды бонтæ. Æрыгонæй диссаджы рæсугъд чызг уыди. Кæд ыл дæс æмæ дыууиссæдзæй фылдæр цæуы, уæддæр хатгай йæ мидбылты куы бахуды, уæд æнахуыр зæрдæмæдзæугæ вæййы йæ бакаст. Йæ уадултыл æмæ цæстыты бын бæрæг дарынц хæлуарæджы тынау лыстæг æнцъылдтæ. Уæлдай ныхас дзы никуы фехъусдзынæ, йæ алы дзырды дæр — уæз. Бæрзонд, хæрзконд æмæ хъаруджын сылгоймаг. Цæвæгимæ уыгæрдæны æрлæууыд, уæд йæ разæй никæцы нæлгоймаджы ауадздзæн. Уæдæ йæ къæбæры конд та æгас комбæсты æмбисондæн баззад. Йæ лæг Германы фыццаг хæсты фæмард. Хуыцау йæ зонæг, кæй æмæ цæй сæрыл хæцыд хъæбатырæй дард Карпатты. Йæ дыууæ хъæбулы, йæ дыууæ цæугæ мæсыджы фæсæфцæгмæ ахæццæ сты ирæдваг бакусынмæ æмæ фæстæмæ Хъæрæугомыл куы æрбацæйздæхтысты, уæд цъитийы скъуыды аивгъуыдтой. Йæ æртæ чызджы æндæр хъæутæм смой кодтой, æмæ Къæдорæ хæдзарыдзаг бинонтæй æвдæлонæй аззади. Тæккæ уæззаудæр рæстæджытæ-иу скодта зымæгон даргъ æхсæвты, чи зоны, кæдмæ-иу фæбадтаид сыгъдæг сæрфт фынджы цур, дымгæйы ниуын йеддæмæ сыбыртт никæцæй хъуысыд, афтæмæй. Æппынфæстаг-иу уазал хуыссæны йæхи бануæрста æмæ суанг æрбабоны онг йæ цæссыгæй йæхи æхсадта. Райсомæй-иу йæ цæсгом уазал донæй æрæнхъæвзта, фæлæ йыл уæддæр пæ цæстытæ комдзог цыдысты, æмæ йæ сыхæгтæй исчи афарста, дæ цæстытæ цæй сырх сты, зæгъгæ уæд йæ дзуапп цæттæ уыди: дымгæ мын сæ фæхоста. Ахæм сылгоймаг уыд Къæдорæ. Йæ сæрæны кой дардыл айхъуысти. Иу фæззыгон хъуынтъыз бон Стыр Дыгурмæ фæдисы хабар æрбахæццæ. Доныфарсæгтæ комы дымæгæй фехъусын кодтой: урсгвардионты гæрзифтонг къорд æрбалæбуры, сæ ных комкоммæ Стыр Дыгурмæ сарæзтой. Стырдыгурæгтæ рагæй хъуыстой уыцы салдæтты кой. Куы иу
хъæумæ лæбурдтой, куы иннæмæ. Паддзахы ныхмæ змæнтынц, зæгъгæ, кæуылдæриддæр гуырысхо кодтой мæгуыртæй, уыдоны мардтой. Ноджы ма стигъыныл дæр нæ ауæрстой: сæ къухы цы бафта, уымæ æнхъæлмæ мауал кæс. Урсытæ æрбацæуынц, уыцы хабар куы фехъуыстой стырдыгурæгтæ, уæд сæ хъаматæ ссынмæ бавнæлдтой, сæ хъыримæгтæм базылдысты. Сæ æгуыдзæгдæртæ та дзырдтой: — Фæлтау хъæды кæнæ лæгæтты бамбæхсæм. Уым нæ ничи ссардзæн! Уæззау рæстæг скодта тынг. Хъæубæсты хистæртæ бауынаффæ кодтой адæммæ фæсидын. Бирæ радзур-бадзур дзы нæ бахъуыд, хистæртæ цыбырæй фехъусын кодтой сæ тæрхон: — Æвзæр никуы никæмæн ракодтам. Уæдæ урсытæй дæр æвзæрæй куы ницы зонæм, уæд куыд хъуамæ схæцæм семæ. Нæ хæдзæрттæй дæр никæдæм лидзинаг стæм. Кæд æмæ ныл исты æрцæуа, уæд, æвæццæгæн, нæ хъысмæт ахæм у. Адæмæн сæ ныфс сæттын байдыдта. Алчи йæхимæ хъусгæйæ æнхъæлмæ каст, дарддæр цы уыдзæн, зæгъгæ. Райдианты сыфтæрты сыбар-сыбурау мынæгæй, куыдфæстæмæ та хъæрдæрæй хъуысын байдыдтой сылгоймæгты хъарджытæ. Алчи дзы йæ мойы удæгасæй ныгæнæг ссис. Уыцы райсом Къæдорæ кæрты фæскъуымы йæ тæккæ суг сæтгæйæ уыди. Комбæстæм цы уæззау бæллæх æрбацæйхылд, уымæй йæ зæрдæ мæгуыр кодта. Сылгоймæгты марой йын йæ зæрдæ рæхуыста, йæ рыстæй нал æмæ нал æнцад. — Цæуыл ниут, уæ хъаст хуыцаумæ цæмæ хæссут, куы ницы уын феххуыс уыдзæн, уæд? — уыцы мæстджынæй фæрæт къодахы ныссагъта. — Хуыцау искуы куы уаид, уæд ацы бæллæхтæм афтæ нæ кæсид, мæгуыр адæмы тæригъæды чи цæуы, уыдоны йæ фыдæх баййафид. Тæхуды, тæхуды, мæ бон куы уаид, уæд сын мæхи дыууæ къухæй сæ хурхыл бæргæ бахæцин! — Къæдорæ, Къæдорæ! Ныр цы уыдзыстæм, цымæ? — кауы сæрты йæм кæуынæмхæццæйæ æрбадзырдта сыхæгты ус. — Нæ дарæджы нын куы амарой, уæд ма мæ цард цы уыдзæн? О-о-о-о!.. Къæдорæ йæ сæрыл схæцыд, сæрбæттæн къæбуты ’рдыгæй æнгомдæр балхъывта æмæ усыл схъæр кодта: — Цæуыл тъизыс? Цы уа, уый уыдзæн! — Цæй диссаг дæ, куыд ницы дæм хъары уымæй уæлдай, куыд ницæуыл риссы дæ зæрдæ... — Мæ риссинæгтæ мæ сæр раджы бавзæрста, — бахъуырхъуыр кодта Къæдорæ æмæ иннæрдæм азылд. Сихæрттæм хæстæг адæм иууылдæр федтой: хохы фахсыл къæдз-мæдзы къахвæндагыл схизынц иу-дæс æмæ дыууиссæдз гæрзифтонг барæджы бæрц. Фæсивæды сæртæгдæртæ хъавыдысты барджытыл топпытæй ныккалынмæ, фæлæ сæ хистæртæ нæ бауагътой. Уымæн æмæ зыдтой: урсытæ æнæхъæн æфсад сты,
ацы къорды куы ныццæгъдой, уæд сæ бæсты æнæхъæн æрдонг æрбалæбурдзæн æмæ æнæхъæн хъæуы адæмы дæр бынцагъд ныккæндзысты. Салдæттæ Стыр Дыгуры ныхасмæ цалынмæ хæццæ кодтой, уæдмæ алчи йæ талынг къæсы йæ сæр бафснайдта. Салдæттæн æгасцуай зæгъынмæ рацыдысты æрмæст æртæ лæджы хъæздыгдæр мыггæгтæй. Ома, сæ размæ æппын куы ничи рацæуа, уæд сын масты хос куы фæуа, æмæ сæ пырх куы акалой. Салдæттимæ разынд иу лезгойраг, æгас комы дæр хъуыстгонд хуыснæг, йæ заманы йæ алидзын бахъуыди хæхбæстæй. Ныр æм кæсут—урсыты æфсæддон дарæсы. Уыцы хиуонхуызæй цыдæртæ дзырдта салдæттæн. Уалынмæ йæм хæстæг бацыд тарæрфыг командир чъиллон цъæх цухъайы. Иннæтæй æддæдæр алæууыдысты дыууæйæ æмæ сæ куыд ничи хъуса, афтæ сусу-бусуйæ фæдзырдтой дзæвгар рæстæг. Урсгвардпонтæ кавказаг адæмтæй кæй сты, уый бæрæг уыд: саулагъз, саухил, уæлдзарм худтæ сыл; ницæмæ бацыдымисхуыз сты, афтæмæй фæлгæсынц сæ алыварс. Командир лезгойрагимæ ныхасгонд куы фæцис, уæд ноджыдæр ма дыууæ къабазджын лæппумæ фæдзырдта, æмæ цыппарæй хæдзари-хæдзар зилын райдыдтой. Адæм куыд бафиппайдтой, афтæмæй зылдысты хъæубæсты тæккæ мæгуырдæр хæдзæрттыл. Хæдзары хицæуттæй ныхасы мидæг чи паддзахы ныхмæ исты срæдыд, чи та Уæрæсейы æрæджыйы революцийы фарс радзырдта. Куы иу кæртæй, куы иннæ кæртæй хъæлæбагæнгæ сæ къабæзтæй æддæмæ ластой тарст нæлгоймæгты. Нæлгоймæгтæ фæйнæрдæм сæнтдзæфæй фæлгæсыдысты, хиуон куы нæ уа, уæддæр сæ æцæгæлон кæй фервæзын кæндзæн, уымæ цыма æнхъæлмæ кастысты, уыйау. Урсгвардионтæ иу-дæсы бæрцæй уыцы хъуыддагхуызæй арæзтой бæрзонд ауындзæн, иннæтæ сырддзастæй алырдæм хъахъхъæдтой. Уæдмæ ауындзæны бынмæ джебогъæй рæхойгæ æрбатардтой авд лæджы. Се ппæтыл дæр фыр тæссæй ризæг бахæцыд. Худæн дæр сыл нæй, уымæн æмæ ингæны къæсæрыл æрлæууыдысты. Æппæт уыдæттæ Къæдорæ уыдта йæ кæртæй. Кауыл банцой кодта, афтæмæй æддæмæ касти, йæ зæрдæ риуы къултыл йæхи цæлхъ-цæлхъæй хоста, цæстытæ æнахуыр æрттывд кодтой. Исты æнæрхъуыдыгæпгæ нæй, науæд æвирхъау бæллæх æрцæудзæн. Афицер æд салдæттæ йæ рæзты куы æрцæйцыд, уæд сæ сылгоймаджы цæстыты цæхæр куыннæ басыгъта, уый æгæр диссаг дæр ма у. Лззгойраг æм фæкомкоммæ æмæ фæкъæмдзæстыг, йæхи иннæрдæм кæсæг скодта. Къæдорæ сонтæй фенкъуысыд йæ бынатæй, хæдзары смидæг, тинтычъи кæлмæрзæн йæ уæхсчытыл баппæрста æмæ ныхасы
’рдæм атындзыдта. Йæхæдæг дæр æй нæма зыдта, уыцы фæдисæй цæмæн тырны æмæ цы кæнæг уыдзæн, уый. Стыр Дыгурæй фæсте ничиуал баззад, иууылдæр æрæмбырд сты ауындзæны цурмæ. Æрхуым æмæ тарæрсрыгæй кастысты салдæтты змæлынмæ. Ауындзынвæнд кæмæн скодтой, уыдон уыцы кукайæ лæууыдысты; æвæццæгæн сæм нæма бахъардта, сæ царды фæстаг сахат кæй ралæууыд, уый. Адæмы æхсæнæй хъуысын раидыдта æртхъирæнтæ æмæ салдæттæ сæ ныхмæ топпæргъæвдæй уæхски-уæхски æнгомдæр æрбалæууыдысты, ауындзæны ’рдæм хæстæг никæй уагътой. — Кæсут-ма уæлæ Къæдорæмæ! — ныхъхъæр кодта чидæр. Кæцырдæм амыдта, уыцырдæм акастысты иууылдæр — салдатæй, хъæуккагæй æмæ федтой Къæдорæйы. Салдæттæ йæ кæцæй зыдтой, фæлæ йæ хъæубæстæ куыддæр ауыдтой, афтæ сæ сæры февзæрд æмхуызон хъуыды: дзæгъæлы не ’рбалæгæрды уыцы тындзгæ, кæд исты фæрæз æрхъуыды кæнид. Топпæргъæвд салдæттæ дæр сæ ныфс нæ бахастой сылгоймаджы æруромынмæ, æмæ ауындзæны тæккæ бын смидæг. Уыцы сонтæи алывыдтæ калын байдыдта афицертæн: — Дæлдзæх фæут иууылдæр, гæбæр куыйтæ! Хуыцау уыл йе стыр бæллæх сæвæрæд æмæ уæ иунæг дæр мауал баззайæд! Цы хъуыддаг уæ ис ам? Цы уæ хъæуы? Чи уæм арвыста? Ацы мæгуыр адæмы сымах куы нæ ныййардтат, уæд уын сæ цард байсыны бар чи радта? Цæй тыххæй сæ ауындзут? Гæвзыкк кæй сты, уый тыххæй? Сæ сывæллæттæ цард-цæрæнбон сæ гуыбын кæй никуы бафсæстой æмæ сыдæй кæй мæлынц, уый тыххæй? Æви сæ дарджыты фæстæ сабитæ дæр фыр æххормагæй адзал ссарой, уымæ бæллут? Гъе, уæууæй фæуат, уæууæй, худинаг æппыпдæр чи нал æмбары! Уæ хотыхтæй уæ ныфс хæссут æмæ хæрзаг æнхъæлут, хуыцау ницы уыны! Уæ сæрты зонд фæцыди æви цытæ кæнут? Кæмæн уæ цы кодтой ацы мæгуыр адæм? Уæ цæсгомы цъар уыл æрлæбырæд! Сылгоймæгтæ кæд дзургæ ницы кодтой, уæддæр урсгвардионтæм ахæм æнæуынон цæстæй кастысты, æмæ салдæттæн сæ хуыз фæцыд, ауындзынмæ бавналыны ныфс сæм нал уыд. Кавказаг æгъдæуттæ хорз зыдтой æмæ æмбæрстой, сылгоймаг, лæг ты раз йæ хъæлæс цас кæрды, уыйбæрц хъæрæй сдзурыны онг йæ цæсгом суадза, уымæн бирæ азты дæргъы иу хатт йеддæмæ кæй нæ вæййы уæвæн. Афицермæ фæрсæджы каст кодтой алырдыгæй, фæлæ уый нæуынæг скодта йæхи, хæстæгдæр æм чи лæууыдис, уыдонæн цыбыр бардзырдтæ лæвæрдта, цыма йæм нымады дæр ницы у, уыйау. Лезгойраг æм йæхи æввахс байста æмæ йæ куыд ничи фехъуса, афтæ цыдæртæ æмбарын кодта афицерæн: уый йæм иуцасдæр фæхъусыны фæстæ йæ къух былысчъилæй ауыгъта. Бетъырбухаг бухъ царды фæстæ йæм хæхбæсты фыдæбойнаг рахау-бахау дæр, адæмы ауындзын дæр, сылгоймæгты æрдиаг дæр фынЫ уынæгау кастысты; хохæгты адæмыл дæр наё нымадта, фæлæ хъæддаг сырдтыл; йæ бон цæуы,
зæгъгæ, уæд се ’ппæты дæр ныццæгъдыныл нæ бацауæрстаид. Рæвдздæр ма ауыгъд куы фæуиккой ацы æрдæгсырдтæ, æндæр сагъæс æй нал уыд, сылгоймæгты марой æмæ æрдиагæй фæлмæцын байдыдта; афтæ йæм каст, цыма кæй ауыгъта, уыдоны дзедзыккагæнгæ куы феной, уæд иууылдæр фæтæрсдзысты, æмæ бæстæ ныссабыр уыдзæн. — Бæндæн сыл бафтаут! — ныхъхъæр кодта афицер мæстыхуызæй. Салдæттæ мæгуыр лæгты хурхыл фидар рæтæнтæ æфтауынмæ бавнæлдтой. Сæ хæстæджыты æмæ къабæзты марой æмæ æрдиаг хъустæ арыдта, сылгоймæгтæ сæ сæрыхил бындзыггай рæдывтой, сæ цæсгæмттæм фæлæбурдтой, æмæ ныхвæдтæй туг цæхцыртæ ныллæууыд. Лæгтæй чидæртæ ралæбурынæввонгæй сæ хъаматыл æрхæцыдысты, фæлæ сын хистæртæ салдæтты фондзæхстæттæм цæстæй ацамыдтой. Æвиппайды адæм Къæдорæйы къухты ауыдтой йæ тинтычъи кæлмæрзæн, йæ сæрмæ йæ бæрзонд систа, æмæ йæ дымгæ йæ къухтæй рæдувæгау кодта. Уыцы заманты кавказаг сылгоймаг йæхи бæгъæмсарæй адæмы æхсæн ницы хуызы равдыстаид. Уымæн æмæ йæ сæрыхил уыд бинонты æмæ артдзæсты иудзинады æвдисæн. Хъуамæ йæ сæрыхилæн хай ма уа æцæгæлон цæстæнгасæй, науæд уый афтæ амоны, æмæ йæ артдзæст дæр æмæ бинонты амонд дæр æцæгæлон адæмы хай бауыдзысты. Къæдорæ айдагъ зæлдаг сæрбæттæны аззад. Иуцасдæр æдзæмæй алæууыд, цыма хъуыдыты бафтыдис, кæлмæрзæны фæстæ æххæст сæрбæттæн дæр сисон æви нæ, зæгъгæ, уыйау. Æвиппайды йæ цæстытæ фæцъынд кодта, йæ галиу къухæй сæ амбæрзта, æмæ сæрбæттæн зæхмæ æрæппæрста. Ие уæхсчытыл æрызгъæлдысты хъуымбыл дзыккутæ, æвзистау æрттывтой сæ урс æрдутæ. Сылгоймæгтæ фæуыргъуыйау сты, нæлгоймæгтæ та хæлиудзыхæй аззадысты, иуæй-иутæ сæхи æддæдæр айстой... Кавказы урсгвардионтæ хорз зыдтой уыцы æгъдау, фефсæрмы сты, фæтарстысты æмæ рæтæнтæ сæ къухтæй суагътой. Иуырдыгæй афицеры бардзырд æххæстгæнинаг у, иннæрдыгæй та, фыдæлтыккон æгъдау фехал, уæд уымæй стырдæр тæригъæд ницы ис. Салдæттæ сæ фондзæхстæттыл æрæнцой кодтой æмæ афтæмæй сæ къæхты бын зæхмæ нымдзаст сты. Афицер хъæлæба самадта, хъæрахст кодта, уæддæр салдæттæй иу дæр йæ коммæ нæ бакаст. Лезгойраг ын уыцы тыхстхуызæй хабар æмбарын кодта, фæлæ афицерæн йæ маст афтæ рафыхт, æмæ йæ хæстæгдæр æххуысгæнæджы иуварс асхуыста. Стыр Дыгуры нæлгоймæгтæ уæды онг сæ ныфс ницæмæ хастой гæрзифтонг æфсæддонты раз, фæлæ сæм ныр æвиппайды стыр ныфс разынди. Ауындзæны цур æнгом æрбалæууыдысты, марыны тæрхон кæмæи уыди, уыдоны бахъахъхъæнынмæ цæттæйæ. Афицер æртхъирæн кодта салдæттæм, мæстæй цæхæртæ калдта, фыр хъæрæй ныффæсус, стæй цасдæр рæстæджы фæстæ бамбæрста, абон ацы хъæуы йæ хæстонтæ йæ коммæ кæй нал
бакæсдзысты, уый. Йæ бон куы базыдта, уæд салдæттæн бардзырд радта, уæ бæхтыл сбадут, зæгъгæ. Стыр Дыгурæй куы фæхæрд кодтой, уæд йæ хъуыдытæ уыдысты, инæларæн цы дзуапп ратдзæн, йæ бардзырд æххæстгонд цæмæ гæсгæ не ’рцыд, уый йын цы хуызы бамбарын кæндзæн, æрмæстдæр ууыл. Цы хуызы йын бамбарын кæндзæн, йæ къорды салдæттæ цавæрдæр хъæддаг æгъдæуттыл фидар кæй хæцынц, æмæ сæм уыцы æгъдæутты раз урс паддзах дæр æмæ йæ хъару дæр нымады кæй не сты, уый. Ныронг афицерыл ахæм хабар никуыма æрцыд, æмæ йæ сылгоймаг састы бынаты ныууадза. Йæ цæстыты раз сæвзæрдис, Къæдорæ бæгъæмсарæй адæмы æхсæн куыд æрлæууыд æмæ афицеры фæндтæ куыд фæсыкк сты, уый. Фыдгул уа æви хион, сылгоймаг уа æви нæлгоймаг, уæддæр ахæм æнæкæрон хъаруйы хицау адæймаг у стыр кады аккаг. Урсгвардионты къорд куы фæаууон, уæд хъæубæстæ хъæбатыр сылгоймагыл æрбамбырд сты. Иууылдæр ын дзырдтой арфæйы ныхæстæ, цæстæнгасæй йæ рæвдыдтой. Æрмæст Къæдорæ йæ былтæ æнгом нылхъывта, афтæмæй æдзæмæй æмæ сæргуыбырæй лæууыд. Куыдфæстæмæ йæ æрфгуыты æлхынцъ райхæлд æмæ уыцы фæлладхуызæй араст йæ æдзæрæг хæдзармæ. НЕМЫЦАДЖЫ БÆСТЫ Дзинагъайы мыл Æмзоры хæдзары фондз боны куыд аивгъуыдтой, уый уæвгæ дæр нæ бамбæрстон. Æнхъæлдтон, ахæм чысыл хæххон хъæуы мыл рæстæг æгæр дæр ма ныддæргъвæтин уыдзæни. Зыбыты иунæг уынг йеддæмæ дзы нæй æмæ дзы цæугæ дæр кæдæм акæндзынæ. Æгас хъæуы мидæг цæст цæуыл æрхæца, уыдæттæн иу къухы æнгуылдзтæй банымайæн ис. Пост, дукани, — хойраг дæр æмæ уæлæдарæс дæр уыцы иу уаты, культурæйы хæдзар, хъæууон совет æмæ скъола... О, хæдæгай, сæ тæккæ ахсджиагдæр мæ куы байрох — библиотекæ: уынджы тæккæ кæрон æрбынатон рæсугъд агуыридур хæдзары. Сывæллæттæ йæм цæуынц канд Дзинагъайæ нæ, фæлæ æгас Дыгургомæй дæр. Æхсæзæм бон райсомæй раджы куы райхъал дæн, уæд мæ цæст Лизæйыл не ’рхæцыд. Æнæуи та-иу алы райсом дæр мæ сынтæджы фарсмæ ныллæг стъолыл æрæвæрдта ногдыгъд æхсыры къус. Мæ дарæс скодтон æмæ æддæмæ ракастæн. Къæсæрыл лæууыд Æмзор уыцы хъуынтъызæй, йæ къухтæ йæ дзыппыты арф тъыст. Афарстой æй: — Кæм ис æфсин? — Кæм хъуамæ уа... скъолайы, æндæр кæм. Куырысдзауты æмбырды, — уыцы мæстыхуыз дзуапп мын радта. Иуцасдæр мæм зулаивæй фæкаст, стæй уæд йæ ныхас фæбæлвырддæр кодта: — Пенсиисæг ахуыргæнджыты хонæм куырысдзаутæ. Цы та
сæ зæрды æрæфтыдаид — хуыцау сæ зонæг. Уыцы сонтдзæф Фатимæ знон сихæрттæм хæстæг фæзынд æмæ та се ’ппæты дæр сызмæста. Дысон махонмæ æппындæр сдзурæнтæ нал уыд. Бæргæ йæ æмбæрстон, цыдæр æдылы ми мæм кæй æнхъæлмæ кæсы, уый, фæлæ, зæгъын, цæуыл мæхицæн маст кæнон. Ныр абон бонивайæнты æрбатары. Уæд искуы дæр ма афтæ уыд: хæдзарыл дæр, Дæ лæгыл дæр дæ къух ауигъ æмæ дæ фæд æрбайсæфæд! Куырысдзау та ма цы вæййы, куырысдзау! Хорз æмæ Зæлинæ нæхимæ разыид, уый йеддæмæ мын хъуг дæр ма дуцинаг фæуыдаид. Куырысдзау! Йæ сæр нынкъуыста, тæрхæгæй нартхоры кæхц кæрчытæн рахаста. Лизæйы ныхас уыцы фæлмæн, рæвдауаг вæййы — «дзиба,дзиба, дзиба», Æмзор та йæ уыцы æнахуыр бæзджынæй ауагъта. Кæрчытæ йæм цымыдисхуызæй ныккомкоммæ сты, нæ сæ уырны, хæринаг сын дæтты, уый. — Кæркниз уæ ныццæгъдæд! — нылгъыста сæ Æмзор æмæ афтид къус кæрты къуыммæ ныззыввытт ласта. йæ æнгæс æцæгæй дæр уыцы тæригъæддаг. Стыр сихæрттæм дæр йæ маст не ссыд. Катайгæнгæйæ куы кауы сæрты ракæсы уынгмæ, куы та хæдзары смидæг вæййы, æнхъæлмæ кæсы, йæ бинойнаг кæд фæзындзæн, уымæ. Боны дыууæ сахатыл дуары хъинц фæцыд, æмæ Лизæ кæртмæ æрбахызт. Æмзоры цæсгом фæрайдзастхуыз, фæлæ уæддæр йæ хъæлæс хъуысы уыцы тызмæгæй: — Дæ хорзæхæй, цы хабар у, уый-ма мæнæн дæр бамбарын кæн? Базыртæ дыл куы разад æвддæсаздзыд чызгау... Лизæмæ йæ мойы маст нымады дæр нæу, йæ ныхас фылдæр мæнмæ хауы: — Ахæм диссаг уыд, ахæм, æмæ йæ куыд зæгъон, нæ зонын. Кусын куыд райдыдтам, уый, нæ æрыгоны бонтæ нæ зæрдыл æрлæууыдысты æмæ суанг кæугæ дæр ма фæкодтам. — Мæнырдæм разылд. — Нæ пенсиисæг ахуыргæнджыты къорд сфæнд кодта, ацы аз скъоламæ фыццаг хатт чи бацæудзæн, уыдонæн кадджын программæ бацæттæ кæнын. Фатимæйы æрхъуыды сты иууылдæр... Ахæм диссаг уыдзæн, ахæм... Рæвдздæр ма куы æрхæццæ уаид фыццæгæм сентябрь. Дзургæ-дзурыны Лизæ йæ хызынæй цыдæр тыхтæттæ исы æмæ сæ стъолыл æвæры. — Мæлæты бузныг стут уæхицæй, зæронд чъебретæ, — йæ бинойнагыл уазал доны къæрта бакалæгау сдзырдта Æмзор. — Æхсызгон хъæут сымах, зæронд куырысдзаутæ, фыццæгæм къласмæ чи бацæуа, уыдоны. Сымахмæ нæ, фæлæ æрыгон ахуыргæнджытæм æхсайы сæ зæрдæ. Лизæмæ хъаргæ дæр нæ кæнынц йæ лæджы фидистæ æмæ мæстæймарæн ныхас. — О, о, куырысдзаутæ, æндæр ницы! — Ноджы тынгдæр смæсты Æмзор. — Мæлæты кадджын дæм у дæ куыст, цыма Хъарсы фидар батыдтай, уыйау...
— Кæд дæ йæ базонын фæнды, уæд мæ куыстæй кадджындæр, æгас дунейы дæр ницы ис. Дæ хуызæн æдылытæ йæ не ’мбарынц, уый йеддæмæ æз мæхи стыр амондджыныл нымайын, сабнты ахуыр кæныны рад мæм кæй æрхаудта, уымæй. Науæд ам дæ фарсмæ бадгæйæ мæ сæрызонд фæцыдаид де ’дылы ныхæстæй æмæ митæй. — Цытæ дзурыс, Лизæ Бекировнæ! Ме ’нæзонгæ стут, ахуыргæнджытæ, науæд! Афтæ уæм кæсы, цыма уæ алыварс чи ис, уыдон иууылдæр скъоладзаутæ сты æмай сæ сымах зондджын ныхæстæм хъусын йеддæмæ ницы сагъæс ис. Аходæны бæсты та мел куы хæриккой, уый уæ фæнды... Уыцы мел лыстæг ныммур кæн æмæ уын æй уæ сæрыл ныккал, уæд уымæй хуыздæр ницы уаид, бæргæ... О, хæдæгай, дæ разæй дæр ма куы уыдис, æнхъæлдæн, уæ мыггаджы иу ахуыргæнæг, — мæстæймарæн мидбылхудтимæ загъта Æмзор. — Уый кой куы нæ кæнис, уæд хуыздæр уаид, бæргæ. Кæд. Дæ йæ зонын фæнды, уæд дæ дзыхы ралавинаг нæу! — Иæ цæгатыл къæм абадыны бæсты Лизæ фæлтау йæ лæгимæ цыфæнды хылы дæр бацæудзæн. — Хорз, хорз, æгайтма дæм афтæ тынг кадджын у. Дæуæн, Евычкæ, æнхъæлдæн, нæма ракодтон мæ цардæмбалы фыды фыды кой. — Ницыма дæ фехъуыстон ахæмæй. — Уæдæ дын æй ныртæккæ рахабар кæндзынæн. Лизæ фæкъæмдзæстыг æмæ йæ лæджы хъуыры абадт: — Мæргътæн хæринаг нæма радтай? — Радтон. — Хъуджы æрдыгътат æмæ йæ хизынмæ аскъæрдтат? — Уæдæ йын дæумæ æнхъæлмæ кастыстæм? Дуцгæ дæр æй æркодтам, æмæ йæ хизынмæ дæр атардтам. — Гæрстæхсæн машинæмæ нæма æркастæ, цыдæр базилинæгтæ куы у? — Нæма йæм æркастæн, стæй не ’ркæсдзынæн, цалынмæ хабар Евæйæн радзурон, уæдмæ. — Банцай! — сирвæзт Лизæйæ, фæлæ йæ лæгыл кæй схъæр кодта, уымæй фæкъæмдзæстыг, йæ къух ауыгъта æмæ цæхæрадоны смидæг. Æз та базыдтон Лизæйы фыды фыды хабар. * * * 1903 азы сентябры фыццаг бон узбекаг горæт Ургенчы дилижансты станцæйы лæууыд иу-дæс æмæ ссæдзаздзыд хæрзконд саулагъз нæлгоймаг. Уый уыди Лизæйы фыды фыд. Йæ цухъхъа æмæ хъама раджы раивта дæрдджын, фæлæ ма уæддæр хæрзаив европæйаг дарæсæй. Царды уылæнтæ йæ сæ разæй куы ахастой, уæд бамбæрста, кавказаг уæлæдарæсмæ йæ райгуырæн бæстæйæ фæстæмæ кæмфæнды дæр зул цæстæй кæй кæсынц,
уый. Уыдис ыл нарæг сау хæлаф, йæ дзыппытæ бынтон хуынчъытæ. Фæлæ уый хъыгъд йæ дарæсмæ разынд хорз миниуæг — чъизи йыл æппындæр бæрæг нæ дардта. Нæлгоймагæн йæ ном хуынди Созыр. Лæууыд æдзæмæй, йæ къухтæ йæ дзыппыты арф ауагъта, цыма дзы исты ссарынæнхъæл уыд, уыйау. Йæ гуыбыны хъуыр-хъуыр дардмæ хъуысыд, цыма дзы цигантæ сæ хъисфæндыртæй цагътой, уый хуызæн. Батинкæты бынтæ бынтондæр баихсыдысты æмæ йæ къæхтæ стæппæлттæ сты лыстæг хуыры муртæй. Кæд сентябрь уыд, уæддæр Ургенчы хур сыгъта, Дыгургомы сусæны мæй куыд фæсудзы, уымæй тынгдæр. Созырæн йæ хид йæ фæсонтæн рахъардта, афтæмæй хъуыдыты аныгъуылд, ныр иу суари куыд æмæ цы хуызы самал кæна, ууыл. Хабар йæ сæрæй куы нæ радзурæм, уæд зын бамбарæн у. Суанг саби куы уыдис, уæд фæцалх и гæды ныхæстæ кæныныл. Уыимæ цыфæнды гæды ныхас кæнгæйæ дæр йæ цæст нæ фæныкъуылдтаид. Куыд дарддæр, афтæ йыл адæм æууæндыдысты къаддæрæй-къаддæр. Æппынфæстаг хъуыддаг уыйонг æрцыд, æмæ искуы-иу хатт æцæг хабæрттæ куы радзырдтаид, уæддæр-иу æй багæды кодтой, мæнг зæгъыс, зæгъгæ. Ноджы ма хуыснæггадыл дæр куы фæцалх уаид. Райдыдта кæрчытæ давынæй. Стæй уæд бæхты онг ахæццæ æмæ сæ кæсæгæн сусæгæй уæй кодта. Уый дæр æм фаг нал каст, æмæ цалдæрæй балæбурдтой посты дилижанс стигъынмæ. Фæлæ йын уый нал батад — фондз азы æмгъуыдæй йæ ахæстонмæ бакодтой. Раст зæгъын хъæуы, уыцы азтæ йын сæфтыл банымайæн нæй. йемæ чи бадт, иу ахæм лæппу йæ сахуыр кодта уырыссагау дзурын, уыимæ дæр ростоваг дзыпкъахджыты фæсномыг æвзагыл. Гришкæ — афтæ хуыдтой лæппуйы — Созырæн ноджыдæр бацамыдта кæсын æмæ фыссын. Цардвæлтæрд Гришкæ куыд дзырдта, афтæмæй иугæр хуыснæджы фæндагыл чи æрлæууыд, уый хъуамæ алцыдæр зона. Ростоваг уыд æххæст цæстфæлдахæг æмæ йæ ног хæларæн дæр бамбарын кодта, а дунейы æнцонтæй фæцæрæн дæр кæй ис, уый. Гъе, æрмæст райдианты фыдæбæттæ фенын бахъæудзæн. Тынг зæрдæргъæвд ахуыргæнинаг разынди Созыр. Дыгурон лæппу ахæстонæй рацыд иттæг пайдайаг зонындзинæдтимæ. Йæ фыды хæдзармæ йæ йæ къах нæ хаста: Дыгуры фæскъуымы кæм бахъæудзысты, ахæстоны цытæ базыдта, уыдæттæ... Раст зæгъын хъæуы, уымæй йæхи сайдта, æцæгдзинадæй та тарст, йæ хъæубæстæ æмæ комбæстæ йыл былысчъилтæ кæй кæндзысты, уымæй. Уымæ гæсгæ фыдæлты уæзæджы бæсты равзæрста æцæгæлон хæтæнтæ. Йæ хъысмæты æлхынцъ фæндæгтæ йæ æппынфæстаг æрбахæццæ кодтой Ургенчмæ. Дилижансты станцæйы рыг змæстой уæздан узбекæгтæ бæмбæджджын дæргъытæ уæлгуырты; хатгай-иу æрбаивгъуыдта сылгоймаг йæ сæрæй йæ къæхтæм хъулон-мулон кæлмæрзæны тыхтæй; узгæ-узгæ сындæггай цыдысты æдуаргъ теуатæ. Созыр
станцæйы алывæрсты хæстæгдæр уынгты æрзылд æмæ уайтагъддæр бамбæрста, Ургенчы кæй ницы фæфос кæндзæн, уый. Нæй, ам ын цæргæ нæу. Фæлæ дилижанс райсомæй раздæр кæй нал уыдзæн, уымæ гæсгæ йæ æнхъæлмæ кæсын æмæ йæ уавæртыл хъуыды кæнын бахъуыд. Фæндаджы фаг æхца уæд та куы самал кæнид, фæлæ куыд? Узбекæгтæн сæ бакастæй бæрæг уыд, æхцаджын кæй сты, уый, фæлæ Созыр æмбæрста: утæппæт дарæсты бын цалынмæ сæ чыссæтæм хæццæ кæна, уæдмæ пъæлицæ иу нæ, фæлæ цалдæр хатты æрбахæццæ уыдзысты. Уыны сагъæсхуызæй сындæггай дыууæрдæм рæстæгмарæн разил-базил куыд кодта, афтæ йын чидæр фæстæрдыгæй йæ цонгмæ февнæлдта æмæ йæ фидар æрæлхъывта. Ахæстоны ахуырмæ гæсгæ йæм Созыр сонтæй нæ фæкаст, фæлæ йæ сæр уæхсчыты æхсæн æмбæхсæгау акодта, стæй уæд сындæггай фæстæрдæм разылд. Нæ, пъæлицæйаг нæ разынд. Созыры уæлхъус лæууыд тыппыртæ тымбылдзæсгом лæг, йæ сæрыл хæрдгæбыд тюбетейкæ, къæмисæнтыл зындысты бурбын æрдутæ, кæсæнцæстытæ ЙЫЛ. —Æрбахæццæ дæ, нæ зынаргъ хæлар. Нæ цæстытæ дæм куы ныуурс сты! — цины хъæр ныккодта æнæзонгæ лæг æмæ Созыры уыцы зæрдиагæй æрбахъæбыс кодта. — Æрбахæццæ дæн, уæдæ цы! — къуызгæ дзуапп ын радта Созыр. Хабарæн æппындæр ницы æмбæрста, фæлæ уайтагъд йæхимидæг хъуыды кæнын байдыдта: «Уа, нæ уа — йæ чыссæ йын уæд та исты амæлттæй слухдзынæн»... Кæсæнцæстджын æнæнцойæ йæ дзыппæй фелвас-фелвас кодта æнцъылдтæ къухмæрзæн æмæ дзы сæрфта йæ хидæйдзаг ных, фæлæ æнахуыр тæлфаг кæй уыди, уымæ гæсгæ йæ хид тынгæй тынгдæр калд. — Цæуæм рæвдздæо, мæ лымæн! Иууылдæр дæумæ æнхъæлмæ кæсынц. — Уыцы цинхуызæй рахæцыд Созыры къухыл. Горæты астæумæ фæцæйцыдысты рагон хæлæрттау. Кæсæнцæстджын æнæкæронæй дзырдта æмæ дзырдта, Созыры сæры та æрмæст иунæг хъуыды зилдух кодта: «Чи уа цымæ ацы лæгуынсæр боцкъа, стæй мæн та кæуыл нымайы?» Кæцæй хæйрæг уыд Созыр, боцкъа кæй схуыдта, уый кæй у, æрæджы Ургенчы бонджынты фырттæн, сæудæджергæнджыты цотæн цы гимназ байгом, уый директор. Кæцæй хъуамæ æрцыдаид йæ хъуыдыйы кæрон дæр, директор станцæйы кæй æнхъæлмæ каст немыцаг æвзаджы ахуыргæнæгмæ. Ахуыргæнæджы тыххæй йын зæрдæ раджы бавæрдтой, кæд æрбахæццæ уыдзæн, суанг ма уый дæр фехъусын кодтой. Директорæн та йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, ахуыргæнæг кæй нал æрбацæудзæн, уымæн æмæ йæхицæн хуыздæр бынат ссардта, хуыздæр, зæгъгæ, фылдæр мыздимæ. Уымæ гæсгæ, директор станцæйы æрмæст иунæг адæймаджы куы федта евро*пæйаг дарæсы, уæд ма йын цас зын бамбарæн уыд, æнхъæлмæ кæмæ каст, уый кæй æрбахæццæ.
— Мæ хæлар, немыцаг æвзагæй æддæмæ цавæр предметтæ амонын у дæ бон? Созырæн йæ улæфæнтæ ахгæдтой, нырма ныр бамбæрста, немыцаг æвзаджы ахуыргæнæг æй кæй банхъæлдæуыд, уый. Цы дзуапп радта, ууыл цалынмæ хъуыды кодта, уæдмæ директор дарддæр лæхурдта: — Куыд дæм кæсын, афтæмæй нуарджын лæппу дæ тынг,— æрæлхъывта Созыры цонг, йæ цыд фæсабырдæр кодта æмæ йæм лæмбынæгдæр бакаст. Иу цасдæр æм гуЫрысхотæ дæр сæвзæрдис, чингуытыл дæлгомæй чи бады æдзух, ахæм ахуыргæнæгæн йæ мæкъуыстæг уый бæрц сæвджын куыд уыдзæн, зæгъгæ. Фæлæ йæ гуырысхотæ уайтагъд æрбайсæфтысты. — Спорт, гимнастикæ, атлетикæ — иууылдæр сæ дæуæн бафæдзæхсдзыстæм. Цалынмæ цыдысты, уæдмæ йæ дзæнгæдайæ æппындæр нæ банцад. Гимназы хабæрттæ куы ахицæн сты, уæд та ургенчаг царды хабæрттæм рахызт. Мæзджытмæ хæстæг ныллæггомау агуыридур бæстыхаймæ куы æрбахæццæ сты, уæд сын уæздан салам радта ахуыргæнджыты къорд. Фыццаг бакастæй дæр бæрæг уыд, иууылдæр æрбацæуæг кæй сты, уый. Кæсæнцæстджын сæ кæрæдзиимæ базонгæ кодта. Йæ цæрæнбон бирæ Гришкæйæн: хорз æмæ Созырæн бацамыдта, хи уæзданæй куыд æвдисын хъæуы, уый. — Уæдæ афтæ, нæ зынаргъ лымæн. Райсомæй фæстæмæ мæнæ ацы ран уыдзæн дæ кусæн бынат, — загъта директор, скъоламæ куы бацыдысты мидæмæ, уæд. — Стыр æхсызгон мын у, нæ фæсивæд цытджын Гётейы æвзаг кæй базондзысты... науæд... науæд Шекспиры æвзаг дæр фæуæд, — кæд тыргъы сатæг уыди, уæддæр кæсæнцæстджын, дыууæ номдзыд поэтæй чи кæцы æвзагыл дзырдта, уый йын кæй фемхæццæ, уымæ гæсгæ фæкъæмдзæстыгхуыз, йæ сурхид акалд æмæ та йæ ных къухмæрзæнæй асæрфта. Фæлæ дзы йæ къæмдзæстыг уайтагъд айрох æмæ та уыцы æнæнной дзæнгæдайыл сбæндæн. Æппынфæстаг талынг уаты дуар байгом кодта, æмæ дыууæйæ дæр мидæмæ бахызтысты. Уаты уыд æрмæст иунæг къаннæг рудзынг цары тæккæ бын. — Райдайæнты уал ацæрдзынæ мæнæ ацы диссаджы уаты. Райсом дæ куыстмæ рацæуын кæй хъæудзæн, уымæ гæсгæ дæ фæллад дзæбæх суадз. Цы ма мæ рох кæны? О, хæдæгай, банхъæлмæ кæсын дæ бахъæудзæн. Мызд райсдзынæ мæйы кæрон, ныр та уал цæмæй фæцæрай, уый фаг дæм разындзæн, мæнмæ гæсгæ. Бæргæ, афтæ куы уыдаид. Уæдæй нырмæ Созыр сфæлмæцыд кæсæнцæстджыны дзæнгæдайæ æмæ ныр директор куыддæр феддæдуар, афтæ йæхи гобаныл æруагъта. Йæхинымæр нымайын байдыдта. куыдхуыздæр уыдзæн? Аванс æрдома æмæ тæккæ ахсæв искæдæм афардæг уа, æви ам баззайа æмæ дарддæр цы уыдзæн, уымæ банхъæлмæ кæса? Ахæстонæй куы рацыд, уæдæй фæстæмæ йын йæ-
хи хуыссæны æруадзыны фадат кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ сфæнд кодта ам ныллæууын. Куы æризæр, уæд дæр æм уыцы фæлладæй хуыссæг æмгæрон не ’рцыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, немыцагау иунæг дзырд дæр нæ зыдта. Стæй уæд йæ зæрдыл æрбалæууыд Уастырджи æмæ йыл йæхи бафæдзæхста. Уастырджи мæ сæфын нæ бауадздзæн, зæгъгæ, уыцы хъуыдыимæ æппынфæстаг адджын фын’æй бацис. Дыккаг бон райсомæй аст сахатыл нæуæндонхуызæй бахызт къласмæ. Скъоладзаутæ йын салам радтой, уыдысты иу-ссæдзы бæрц, цыдаид сыл фæйнæ дыууадæсгай азтæ. Уыцы къæмдзæстыгхуызæй стъолы уæлхъус æрбадт, пец æй цыма æрцахста, уыйау къласы журналмæ джихæй баззад. Йæ цæстытæ хæрдмæ куы систа, уæд федта, скъоладзаутæ йæм куыд æдзынæг кæсынц, уый. Кæд ургенчаг хур йæ тыхы нæма бацыд, уæддæр Созырæн йæ хид йæ фæсонтæй æмæ йæ дæлæрмттæй хъарын байдыдта. Дзæвгар рæстæг йæ бон сдзурын ницы бацис, рахъуыды-бахъуыды фæкодта, Уастырджийыл йæхи ноджыдæр ма иу хатт бафæдзæхста, йæ хъарутæ иууылдæр æрбамбырд кодта æмæ йæхицæн фидарæй загъта: — Цы уа, уый уыдзæн! Æмæ сывæллæтты немыцаг æвзаджы бæсты дыгурон æвзагыл ахуыр кæнын байдыдта. Хæйрæг йæ зонæг, цæмæн уыдаид, фæлæ узбекаг сывæллæттæ æнахуыр зæрдæргъæвд разындысты æцæгæлон æвзагмæ. Сæ фыдæлтæ чайханаты кæрæдзийæн æппæлынæй нал æфсæстысты: — Уæллæй, нæ Рашид немыцагау афтæ хорз дзурын байдыдта, æмæ йын тæрсын, узбекагау куы нал зона. Уый дын æвзаг! Æмæ куыд æнхъæлут — Европæ цыфæндыйæ дæр Европæ У! Созыр уайтагъд Ургенчы тæккæ номдзыддæр адæймæгтимæ нымад æрцыд. Иннæ ахуыргæнджытæ йæм хæлæгæй мардысты. Директор та сæрыстырæй алы хатт дæр дзырдта, Созыримæ фыццаг хатт куыд фембæлд, диссаджы арæхстджын ахуыргæнæг кæй разындзæн, уый рагацау кæй базыдта, уыдæттæ. Созыр йе скъуыдтæ дзыпджын сау хæлаф раджы аппæрста. Йæхицæн ахъаззаджы европæйаг дарæс бахуыдта англисаг тæбынæй. Узбектæ йæм хæлардæр цæстæй цæмæй кæсой, уый тыххæй дарын байдыдта æвзистæй хуыд зынаргъ тюбетейкæ. Фидаугæ дæр ыл мæлæты дзæбæх кодтой европæйаг æмæ азиаг дарæс æмхæцпæйæ. Ургенчы хъæздыгдæр хæдзæртты нымад уыд зынаргъ уазæгыл. Бонджынтæй бирæты чызджытæ йæ сæ фыны уынын байдыдтой. Ноджы ма йын хуыцау уынд æмæ кондæй дæр ницы бавгъау кодта... Афæдз аивгъуыдта. Хъуыддæгтæ сæхи куыд амыдтой, афтæмæй Созыры æмæ Ургенчы тæккæ хъæздыгдæр сæудæджеры чызджы чындзæхсæвмæ бирæ рæстæг нал баззад. Иугæр куы
сæнтыса, уæд ын царды дзаджджынмæ парахат фæндаг гом. Фæлæ Созыр йæхиуыл æгæр фервæссыд, нымады дæр æм ницыуал уыд. Гришæ йæ цæуылты сахуыр кодта, уыдæттæ йын ахъаззаг разындысты, гъе æрмæст æй рæдыд философийыл дæрсардыдта: зæххыл адæмæй цыдæриддæр ис, уыдон иууылдæр æдылытæ сты, æмæ уымæй хъуамæ фæфос кæнынмæ арæхсай. Иу ахæмы директормæ фæхабар чындæуыд, гимназмæ бæрæггæнæг инспектор суанг Бетъырбухæй ссæуы, зæгъгæ. Куыннæфæтарстаид тæрсгæ дæр директор — ахæм хабар цалдæр азы иу хатт йеддæмæ нæ вæййы. Æнцой йæхæдæг дæр нал зыдта, ахуыгæнджыты дæр сцоппай кодта. Уæдæ куыд — инспекторы раз хъуамæ къæмдзæстыг мачи уа, фыццаджыдæр та директор йæхæдæг. Къуыри дæр нæма рацыд, афтæ дын испектор æцæгæй дæр куы схæццæ уаид. Уыцы мадзура, тызмæгхуыз. Куыннæ дзы тарстаиккой ахуыргæнджытæ. Гимназ феныны фæстæ бæрæг кæнын байдыдта, хицæн предметтыл куыд ахуыр кæнынц, уый. Куыд уыди, цы уыди, фæлæ иу ахæмы немыцаг æвзаджы урокмæ дæр æрбафтыд. Æппæты фæстаг партæйыл æрбадт æмæ Созырæн къухæй ацамыдта, дæ куыст кæн, зæгъгæ. Созыр уыцы сæрæнхуызæй сыстад æмæ скъоладзаутæм фыссæн фæйнæджы цурмæ иугай сидын байдыдта. — Немыцагау дæсы онг чи банымайдзæн? Фарух йæ къух сдардта. «Еууæ, дууæ, æртæ, цуппар»... — Тынг хорз. Джалал та нын хъуыдыйад ратæлмац кæндзæн. Джалал æфсæрмхуызæй дзуапп радта: — Æрбахастон мæ мадæн дон. — Тынг хорз. Господин инспекторæн стыр поэт Гетейы рæсугъд æмдзæвгæ чи бакæсдзæн? Иууылдæр сæ къухтæ сдардтоц. Созыр фæсидт Хашиммæ, æмæ лæппу уыцы аивæй кæсын байдыдта: — Тикис къæразгай рахаудтæй, ’ма къири къибилай ниххаудтæй... Ахуыргæнæг тынг райгонд баззад сывæллæтты дзуаппытæй. Цæй, куыд дæм кæсы, зæгъгæ, уыцы сæрыстырæй бакаст инспектормæ, фæлæ уый ницы дзырдта, æрмæст тетрады цыдæрдæргъмæ-цæхгæрмæ хæххытæ ныв кодта. Æдылы цы уа, уый у, æндæр ницы. Урочы фæстæ сывæллæттæ кæртмæ куы разгъордтой, уæд Созыр инспектормæ хæстæгдæр бацыд: — Пæй, цы зæгъдзынæ, господин инспектор? Инспектор сындæггай партæйы уæлхъусæй рахызт æмæ Созыры дыууæ цæстмæ комкоммæ бакаст: — Никуы мæ ферох уыдзæн дæ урок, господин ахуыргæнæг... Иу цасдæр ницыуал сдзырдта, йæ цæстытæ æрцъынд сты, йæ
хъæлæс сыгъдæггæнæгау схуыфыд æмæ йæ алыварс афæлгæсыд. Стæй уæд сыгъдæг дыгуронау загъта: — Цалынмæ дæсы онг нымайон, уæдмæ мæ цурæй куыд фесæфай, афтæ! Уастырджыйы номыл нывонд бафæдзæхс, пъæлицæйы къухмæ дæ кæй нæ дæттын, уый тыххæй. Созыр афæлурс, инспектормæ йæм тымбыл къухтимæ балæбурыны фæнд сæвзæрди æвиппайды, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд, уайтагъд бамбæрста, йæхи фыдбылызы кæй æппары, уый. Дилижансы куы бабадт, уæд йæ хъуыдытæ уыдысты, æцæгæлон бынаты йæм цы æнхъæлмæ кæсы, ууыл. Цы уыдзæн, куыд уыдзæн, хуыцау йеддæмæ йæ чи зоны. Кæс-ма, дæ хорзæхæй, рæстæг куыд ивгæ цæуы: цалынмæ ахæстæтты æмæ Уæрæсейы къуымты рахау-бахау кодта, уæдмæ дыгургоимæгтæй суанг испектортæ дæр ма рауад. ХЪÆБАТЫР МЭЛС Изæргæрæтты хъæуы иу кæронæй иннæмæ айхъуыст нырыккон цъæхснаг музыкæ. Бæрæг у: фæсивæд та культурæйы хæдзармæ кафынмæ æрæмбырд сты. Гитарæйы ниугæ хырру-мырруйæ хистæртæ сæ сæр кæм бафснайой, уымæн ницуал зонынц. Нæлгоймæгтæ сæ хъусты бæмбæгæй къæрмæджытæ батъыссыны онг систы, сылгоймæгтæ сау додой кæнынц, бынтон та зæронд устытæ сфæлмæцыдысты. Ныры фæсивæдæн, æнахъинон музыкæйæн æмæ культурæйы хæдзары хицауæн сæ арфæты карздæртæ куы загътой, уæд алчи йæ рудзынг бахгæдта хъуырхъуыргæнгæ. Парахат гомæй баззадысты æрмæст культурæйы хæдзары рудзгуытæ. Æддæмæ дзы араугæ лæбуры уыцы хъæддаг музыкæ æмæ комы иу фахсæй иннæмæ нæры. Рудзгуыты бын къордæй лæууынц æвддæсаздзыд лæппутæ. Лæгдæрхуыз цæмæй зыной, уый тыххæй дзы алкæй къухы дæр сигарет. Лæппуты кармæ хæстæг чызджытæ æфсæрмдзастæй фæмидæг вæййынц дуары. Сæ рæсугъддæртæм алы къæйных ныхас æппарынц лæппутæ. Йæ фындзы бын мила æрæджы кæмæн фæхæцыд, уыдон кæрæдзи сынæгæй схойынц, хъæуа-нæ хъæуайы сæ хъæлдзæг мыр-мыр хъуысы. Зæлинæ суанг сæумæйæ нырмæ æнцой нал кæны. Уæттæ иууылдæр бафснайдта, пъолтæ ныммарзта, йæ фыды мидæггаг дзаумæттæ цæхсадта, суанг ма йын йæ цырыхъхъытæ дæр ныссыгъдæг кодта. Мæргътæ кæркдонмæ куы бацыдысты, уæд сын сæ дуар бахгæдта; хъуццытæ æрдыгъта æмæ сæ скъæтмæ батардта. Йæ зылдтытæ куы ахицæн сты, уæд йæ фыдæн лæгъстæхуызæй загъта: — Папæ, абон культурæйы хæдзары хъазтизæр ис. Ауадздзынæ мæ? Æмзор йæхи фæтызмæгхуыз кодта, фæлæ йæ хъæбулты ад-
джындæрæй йæ бон «нæ» зæгъын нæу æмæ ма йæ æфсоны фарст акодта: — Дæ куыстытæ иууылдæр фесты? — Уæдæ... — Гъемæ, хорз. Æцæг дзы-иу æгæр æнафонмæ ма бафæстиат у... Зæлинæ йæ фыды фæдзæхстытæм кæронмæ нал байхъуыста, уайтагъд феддæдуар, мыййаг æм æндæр зонд куы æрцæуа, зæгъгæ. Хъазыбегимæ зындæр дзурæн у Æмзорæн. Æстдæс азы йыл сæххæст, йæхи бæгуы лæгау дары. Стæй куыннæ: йæхи дыууæ къухæй колхозы дзæвгар мызд бакусы. Мæнæ ныр дæр фæскуыст хъарм донæй йæхи ныхсадта сапонимæ, уадултæ биноныг æрдаста. Зæлинæимæ фæхъæлæба кодта йæ хæлаф æмæ хæдоныл иту сæвæрыны тыххæй æмæ йæ куы нæ басаста, уæд йæхæдæг бавнæлдта. Йе ’мбæлттæ йæм уынгæй куы æрбахситт кодтой, уæд уыцы хæрзаив итувæрдæй æрхызт къæсæрæй. Нæ дыууæ Лизæ йæм кæсынæй нал æфсæдæм. Æрмæст ыл йæ фыд тарæрфыгæй былысчъилтæ кæны. — Кæдæм рараст дæ? — афарста Æмзор, йæ фыртмæ бар ракурыны зонд нæй, уый куы бамбæрста, уæд. — Культурæйы хæдзармæ. Цы кæныс? — Æмæ бар кæмæй ракуырдтай? — Æмзорæн фæхъыг йæ фырты дзуапп. — Æмæ кæмæй хъуамæ ракурон? — къæйных фарст акодта Хъазыбег. — Мæнæй! Мады зæрдæ уайтагъд бамбæрста, сæ ныхас хъæлæба кæй расайдзæн уый, йæ хъæбулмæ бауад æмæ йын цавæрдæр къæм йæ дысæй асæрфта. — Ныууадз æй, баба. Лæг у ныр йæхæдæг... — сабыртæ кæны йæ мойы. Уыцы ныхæстæм Æмзоры маст бынтон рафыхт. — Лæг зæгъыс? Мæнæ дæм ацы хъуымызбыл у лæгыл нымад? Æз æй ныртæккæ ахæм лæг фестын кæндзынæн æмæ гæбазгай æмбырдгæнинаг фæуыдзæн. Хъазыбегæн йæ хуыз фæцыд, йæ пыхцыл сæр хивæндхуызæй фесхъæл. Кæртæй рахизæн дуары гуыпп фæцыд. — Рæвдз фæстæмæ раздæх! — ныхъхъæр ласта Æмзор. Дзуапдæттæг ын нæ фæцис. Иууылдæр бамбæрстам: лæппу ахсæв хæдзармæ нал фæзындзæн. — Æдзух æй цы дæ куыст скодтай? — цасдæр рæстæджы фæстæ йæ лæгæн уайдзæфтæм бавнæлдта Лизæ. — Лæппу институтмæ нæ бахауд, уый дæм æгъгъæд нæ кæсы? Уæд ма йæ ды дæр уайдзæфты бын фæкæн. — Банцай! Сылгоймаг æгæр зондджын куы уа, уæд афтæ вæййы. Уайдзæфты бын! Æхсæв-бонмæ кæм æмæ кæимæ ратæрбатæр кæны, уый бæрæг нæу, æмæ ма ды дæр йæ сæрыл рахæц.
Къулбадæг ахуыр æй кæныс æмæ лæппу кæй сæфы, уый дæм хъаргæ дæр нæ кæны. Цас æхца йын атъыстай йæ дзыппы? — Нырма йæ мызд исынмæ æнæхъæн къуыри ис. Цыма дæхæдæг æрыгон никуы уыдтæ, уый ныхæстæ дæм вæййы, — йæ мойы æрлæгъзытæ кæныныл архайы Лизæ, фæлæ уымæн йæ маст тынгæй тынгдæр æхсиды. — Бæгуыдæр уыдтæн. Мæн дæр бæргæ фæндыд аив дарæсты хъазтизæрмæ ацæуын. Итувæрд хæдонмæ дæр бæргæ бæллыдтæн. Уæдæ чызджытæм дæр мæ зæрдæ куыннæ æхсайдтаид. Фæлæ уыдæттæм кæй æвдæлди. Ацы æнæхайыры хæст... Æмзор ныхъхъус. Иуцасдæр æдзæмæй фæкаст амонæн æмæ астæуккаг æнгуылдзы æхсæн æлхъывд сигаретмæ, хъуыдыты аныгъуылди, стæй дарддæр йæ ныхас кодта: — Ехх, æвæдза, цæй æрыгон уыдыстæм... Хæсты райдайæнмæ мыл æстдæс азы йеддæмæ нæма цыд. Сывæллон цы уа, уый: мæ фындзы бын нымадæй цалдæр æрдуйы фæзынд... Фæлæ уайтагъд æгæр цъæхæй арæгъæд стæм... Мæ зæрдæ никæмæн зæгъы ахæм рæгъæд... Йæ æнгуылдзæй сигареты кæрон æрхоста, æмæ уæлæнгай тæбæгъмæ æрызгъæлд рог æртхутæг. — Хатгай хъуыдыты аныгъуылын, мæ хæстон цардæй мæ зæрдыл цы тынгдæр бадардтон, зæгъгæ... Бирæ цыдæртæ, æгæр бирæ... Æвзæрæй æмæ уæззауæй цы уыдтон, уый тагъддæр ферох кæныныл архайдтон. Æвæццæгæн, æрыгон кæй уыдтæн, уымæ гæсгæ. Хуыцау йеддæмæ йын чи цы зоны, цæмæн афтæ уыдаид. Нæзыйы тæфæй арæхдæр дзы ницы мысын. Адджын, карз, сгрзилæн тæф. Абоны хуызæн уайы мæ цæстытыл. Нæзы хъæдæй сæ тæккæ дзаг вагæтты нæ кæдæмдæр ластой. Рох дæр мæ фæцис, кæдæм уыдаид. Стонгæй. Скъуыдтæ дарæсты. Уыцы æнкъардæй. Фæлæ амонд дæр куыннæ æнхъæлмæ кæсы адæймагмæ. Раст уыцы поезды фехъуыстам уæлахизы хабар. Хæсг ахицæн. Хабар æппæты разæй нæ командир базыдта. Кæмдæр поезды кæрон бадти æмæ нæм иу вагонæй иннæмæ гæпгæнгæ хæрзæггурæггаг æрбахæццæ. Вагæттæ иууылдæр кæд нæзы къодæхтæй сæ тæккæ дзаг уыдысты, уæддæр сын уæды онг сæ тæф Нæ банкъардтон, уыцы уæнгмардæй бадтæн. «Уæлахиз», зæгъгæ, куыддæр айхъуыстон, афтæ цыма ме ’мбудæнтæ фегом сты æмæ мын нæзыйы карз тæф мæ улæфæнтæ ахгæдта... Уæдæй нырмæ мын нæзыйы тæф æнæкæрон цины хос у... Æмзор йæ лæгуын сæр армытъæпæнæй асæрфта. Йæ усмæ разылд: — Хъæбатыр Мэлсы ма хъуыды кæныс? Лизæ змæлыд арынджы уæлхъус, сæрæй ацамыдта, куыннæ йæ хъуыды кæнын, зæгъгæ. — КæД искуы хъæбатыр гуырд райгуырди, уæд Мэлс йеддæмæ ничи. Æфтæмæй бынтон саби лæппу уыди, — дзуры дарддæр Æмзор. — Алкæмæн дæр йæ удыхъæд цы амоны, уый вæййы, —- пе-
цы цурæй йæм разылди Лизæ. — Стæй уæды æмæ ныры фæсивæды кæрæдзиимæ цæмæн барыс? Хæсты заман бынтон æндæр рæстæг уыди, — йæ хъæбулы сæрыл хæцы Лизæ. — Бæгуыдæр, удыхъæд... Удыхъæдæй хъæбатыр кæй уыди, уымæй раст зæгъыс, æрмæст æй мæлын кæй нæ фæндыд, уый дæр æцæг у. Тынг уарзта, æвæдза, уыцы чызджы... Уæдæ йæ чызг дæр бирæ уарзта. Дыууæ амондджын уды... Амондджынæн та мæлын зындæр у. * * # Мидхæсты рæстæг райгуырди Мэлс Дыгургомы. Æртæ азы дæр ыл нæма сæххæст, афтæ иу ахæмы хæдзары нæлгоймæггæ цуаны ацыдысты. Изæрмилтæ сæхи сындæггай æруагътой. Мит тъыфылæй уарыд. Мэлсы мад, цæ фыды мад æмæ фыды хотæй чи пиргæ кодта, чи æлвисгæ. Нанайы æнæкæрон таурæгътæи иумæ сæ тæккæ хъусгæ уыдысты, кæрты цыдæр æнахъинон уынæр куы ссыди, уæд. Иууылдæр ныхъхъус сты. Стæй æмризæджы барызтысты — кæрты ниудтой бирæгътæ. Удыцъыртт сæ нал баззад, афтæмæй рудзынгæй æддæмæ кастысты. Мэлсы дæр йæ мад хъæбысмæ систа, æмæ саби йæ фындз рудзынгыа баныхæста. Фæстæдæр куыд дзырдта, афтæмæй мисхал дæр нæ фæтарст. Æмæ йыл баууæндæн дæр ис — тас цы у, уымæн ницыма æмбæрста. Фæлæ сæ хъæхъхъаг куыдз Дзи цалдæр бирæгъимæ мæлæтдзаг тохы куы бацыд æмæ йæ къабазгай куы бакодтой, уæд сабийы зæрдæ фыр мæстæй фæцæйтыдта. Фыдæлтыккон чырынмæ базгъордта, дадайы хъама дзы фелвæста æмæ йæ кæрддзæмæй фæцъортт ласта; хъама йæ фæдыл ласгæ рудзынджы цурмæ бахæццæ: — Бийæгъы майын! Бийæгъы майын! Раст ыл уыцы изæр сбадт хъæбатыры ном. Азтæ цыдысты. йæ афон куы ралæууыд, уæд æй йæ ныййарджытæ скъоламæ радтой. Лæппу рæзыд мадзура æмæ æхгæдзæрдæйæ. Мыггаджы мæсыгæн йæ уæладзыджы иу къуым ссардта æмæ йæ рæстæг фылдæр уым æрвыста. Изæрыгæтты, хъазынæй-иу куы бафæллад, уæд кæм нæзы цырагъы, кæм фæтæген цырагъы рухсмæ фæцалх нарты таурæгътæ кæсыныл. Йæ сæнттæ-иу æй дæрдты ахастой, йæхи нымадта куы нарты Сосланыл, куы Батразыл. Хæдзары дæр, скъолайы дæр æдзух хъуыста Ленины кой. Æмæ-иу йæ цæстытыл ауад Батразы болат хæдоны, Уастырджийы æртæкъахон æфсургъыл бадгæйæ. Азтæ иу иннæйы фæдыл ныгъуылдысты рæстæджы фурды. Мэлсы зонды ныффидар сты бæстæйы социалистон арæзтады сидтытæ. Фыстой сæ хохаг хъæусоветы къæдзæхдур хæдзары къултыл. Даргъ зымæгон æхсæвты фæтæген цырагъы рухсмæ фæлдæхта газеттæ. Биоæ дзы фыстой стахановонты тыххæй. Хуыссæны та-иу йæ фыны уыдта: тæмæнкалгæ дзыхъхъынног тракторыл бады æмæ гутонæй фæлдахы хохаг хуымты нарæг
гæппæлтæ, айнæгфарс къæдзæхтæ. Æмæ уыдон дæр цы уыдысты: хатгай-иу хуымгæнгæ суанг Сæнайы рагъмæ дæр схæццæ. Афтæ йæм каст, цыма а дунейыл цы нæ бакæндзæн, ахæмæй ницы ис. Фæлæ йе ’намондæн хохы цъассы царди, æгъдæуттæйын æнæ æххæстгæнгæ нæ уыд. Æгъдау та домдта йæ зæронд. фыдæн æмæ мадæн, йæ кæстæр æфсымæртæн æмæ хотæн къæбæр амал кæнын. Æмæ афтæмæй йæ къæхтæ æмæ къухтæ бастау уыдысты. Мэлс куы рахъомыл, уæд ссис бæрзонд, къабазджын, хæрзконд лæппу, къæбæлдзыгсæр, саудзаст. Йæ мад æм кæсынтæй не ’фсæст, йæ фыртæй райгонд уыди фыд дæр, стæй дзы уæвгæ дæр куыннæ уыдаид, ахæм сæрæнгуырд кæй дæллаг фарс æрбалæууыд. Фыдыбæстæйы хæст куы райдыдта, уæд Мэлс тохы быдырмæ ацыд фыццагдæр бархионтимæ. Æмзоримæ бахаудтой иу ротæмæ. Цалдæр къуырийы фесты æфсæддон лагеры, стæй сæ уырдыгæй комкоммæ фронтмæ аппæрстой Калугæйы бынмæ. Зындон дæр зындон æмæ сæ хæцæн дæр зындон, фæлæ уæддæр лæппутæ тох кодтой хъазуатæй. Æнæхъæн ротæйы уыд æрмæст иунæг сылгоймаг. Сылгоймаг, зæгъгæ, æстдæсаздзыд хъæдгомбæттæг Наденькæ, сыбираг чызг. Нæлгоймæгтæй бирæты зæрдæмæ цыди, фæлæ дзы чъизи хъуыдытæ никуы никæмæ фæзынд; цæсты гагуыйау æй хъахъхъæдтой. Улæфты заман сын-иу арты фарсмæ ныхас куы бацайдагъ, уæд-иу чызг арæх æрымысыд йæ сабидуг. Райгуырд æмæ хæсты размæ царди Иркутскы, йæ мад кусы ахуыргæнæгæй, йæ фыд у инженер. Ис ма йын цыппæрдæсаздзыд æфсымæр Игорек. Наденькæ фыссы æмдзæвгæтæ, иу ын дзы мыхуыр дæр ныккодтой. Фашисттæ нæ бæстæмæ куы æрбалæбурдтой, уæд йæ бон хæдзары бадын нал бацис. Наденькæйы ныхас уыд æнæхин, æргом. Куыд æй æмбарут, афтæ Мэлсæн æнæ бауарзгæ нæ уыди Наденькæйы. Йæ царды тæккæ амондджындæр рæстæг ссис, иу хæстæй иннæйы æхсæн ын-иу чызджы фарсмæ абадыны фадат куы фæци, уыцы минуттæ. Кæсынæй не ’фсæст, Наденькæйы хæмпус къухтæ кæрдæйнаджы æнæкæрон километртæ куыд тухынц, уымæ. Цал æмæ цал боны рацыдаид, хуыцау йæ зонæг, фæлæ иу ахæмы бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ Мэлс йæ ныфс бахаста чызджы афæрсынмæ: — Феххуыс дын ницæмæй хъæуы? — Ницæмæй! — сонт дзуапп ын радта Наденькæ æмæ йæ уадултæ æвиппайды сырххъулон афæлдæхтысты. Цардвæлтæрд æмæ бирæтæ фенæг лæгтæн дæр сæ бон куы нæ у сылгоймаджы зæрдæйыуаг рахатын, æмæ сыл сайд куы æрцæуы, уæд æй, мæгуырæг, Мэлсы æвзонг зæрдæ кæцæй хъуамæбамбæрстаид. Хинымæр йæхимæ загъдгæнгæ салдæтты къордмæ'
куыд фæцæйцыд чызджы цурæй, афтæ йæ хъустыл ауад Наденькæйы хъæр: — Мэлс! Уыцы цыбыр дзырд дзæнгæрагау зыланггæнгæ ахъардта лæппуйы уæнгты, иннæрдæм дзы ахызти, фæкаст æм тæккæ рæсугъддæр зардмыртæй аивдæр; чызджы хъæлæс уыд фæлмæн æмæ рæвдауæг, суанг йæ сабибонты йæ мады хъæлæс дæр никуы фехъуыста ахæм фæлмæнæй. — Мæнæ ацы кæрдæйнæгтæ тух... — тарстхуызæй мынæг хъæлæсæй йын загъта Наденькæ. Мэлсæй амондджындæр ничиуал уыд æгас дунейы. Æнæнцойæ тыхта æмæ тыхта кæрдæйнаджы нарæг уадздзæгтæ, цыма, цæйбæрц стуха, уымæй конд йæхи хъысмæт нæ, фæлæ сæ ротæйы, æнæхъæн æфсады, æппæт адæмты хъысмæт аразгæ у, уыйау. — Дæ ном та цы амоны сымахырдыгонау? — лæппуйы дзыхæй уымæй уæлдай хъыпп-сыпп куы нæ хауди, уæд æй иу дзæвгары фæстæ афарста чызг. — Мэлс? — ныххудти лæппу. — Махырдыгонау æппындæр ницы!—Æмæ йæ æнгуылдзтыл амонын байдыдта: М — Марк, э — Энгельс, л — Ленин, с — Сталин. — Æцæг зæгъыс? — ныддис кодта чызг. Мэлс та циндзастæй дарддæр дзырдта: — Уыцы ном мæ фыд æрхъуыды кодта, коммунист у æмæ. Æз куы рйгуырдтæн, уæд се ’ппæтæн дæр загъта: «Мæ фырт у революцийы хъæбул æмæ йыл хъуамæ æвæргæ дæр революцион ном скæнæм». Мæ мады фæндыд Таймураз ном сæвæрын, фæлæ йæм мæ фыд нæ байхъуыста. Мæ кæстæр хо та хуыйны Электрæ. Куы райгуырди, уыцы заман нæ хæхбæсты Джызæлдоны электростанцæ арæзтой æмæ газетты уый койæ арæхдæр ницы уыд. Уымæ гæсгæ мæ хо дæр Электрæйæ баззад... — Лæппу Наденькæмæ бакаст æмæ фæсыкк. — Худгæ ма кæн, æз дын æцæгтæ дзурын. Æвзонг туг хæсты быдыры дæр йæ кæнон нæ уадзы. Ныхас ныхасы фæдыл, æмæ сæм æппынфæстаг уарзты кой куыд рауад, уый сæхæдæг дæр нæ бамбæрстой. Кæрæдзимæ комкоммæ бакæсын дæр нал уæндыдысты, сæ дзыхы ныхас дæр нал бадт. Наденькæ тæргайхуыз скодта йæхи, уыцы бонæй фæстæмæ ницыуал сдзырдта Мэлсмæ. Æнæхъæн мæйы дæргъы сын акъоппытæй сæ сæр сдарыны амал нæ уыди; топпыты гæрæхтæй, автоматты къæр-къæрæй æмæ сармадзанты нæрынæй хъустæ æмыр кодтой; фæззыгон къæвдатæн кæрон нал æмæ нал зынд, салдæттæ сæ къæхты бын тугæмхæццæ цъыф змæстой. Æппынфæстаг зымæг йæ тыхы бацыд. Мэлс йæ уарзондзинад зæрдæйы тæккæ арфдæр къуымы бамбæхста. Наденькæ та æхсæвыгæтты цæссыгæй йæ тыппыртæ уагъта. Ротæйы мидæг Мэлс æмæ Наденькæ уыдысты се ’ппæ-
тæй æрыгондæр, иннæтæ иууылдæр сæ лæджы кармæ бахызтысты, сæ фыццаг уарзт сын мысинæгтæй раджы баззад. Хинымæр цин кодтой дыууæ æвзонг уды сыгъдæг уарзондзинадыл. Уæдмæ хæцгæ-хæцыны бахæццæ сты тæнæггомау хъæдмæ. Хъæды фале цалдæр чысыл хъæуы æрфидар сты фашисттæ. Æртæ боны хъазуатæй бырста Æмзориты ротæ немыцы хæ цæнтæм, фæлæ фашистты фæсурын сæ бон нæ бацис. Алы хæдзарæй, алы уæрмæй дæр немыц ахæм фидæрттæ сарæзтой, æмæ банхъæлæн уыд, æнæхъæн æфсад дæр сæ нæ басæтдзæн. Хъæутæн та æнæ байсгæ нæ уыд. Афтæ домдта стратегион уавæр. Цыппæрæм бон сæумæцъæхæй салдæттæ сæхи цæттæ кодтой ног ныббырстмæ. Алчи зылдис йæ хæцæнгарзмæ, йæ дарæсмæ. Чидæртæ сæхи дасынмæ дæр бавнæлдтой, цыма адзалы дзыхмæ нæ, фæлæ чындзæхсæвмæ цыдысты, уыйау. Ротæйы командир Зураб салдæтты рæнхъ æрлæууын кодта. Йæхæдæг сæ рæзты æнæдастæй, уыцы тарæрфыгæй дæлæмæуæлæмæ дыууæ хатты æрзылд. — Кæстæр лейтенант Бабенко! — æппынфæстаг сдзырдта сгарджыты командирмæ. — Арутюн нæма æрбаздæхт... — цыдæр зæгъинаг ма бæргæ уыд, фæлæ йæ ныхас кæронмæ нал ахæццæ. Дысон изæргæрæтты ротæйы тæккæ фæлтæрдджындæр сгарæг Арутюн Абовяны уацайраг æрбакæныны хæслæвæрдимæ арвыста немыцы ’рдæм. Уæдæй нырмæ иуæндæс сахаты рацыд, уæддæр нæма æрбаздæхт. Кæм бафæстиат, уымæн ницы бæрæг ис. Кæд ма уæвгæ æгас у, уæд... Æфсæддонты цæстытыл бæлвырдæй ауад хъæлдзæг, сæрæн æмæ зæрдæхæлар Арутюны сурæт. Йæ аЦæуыны хæдразмæ дæр ма адæмы бахъæлдзæг кæныны тыххæй къахфындзтыл æркафыд. — Æмбал командир! — ризгæ хъæлæсæй сдзырдта Мэлс. — Мæн арвит сгарынмæ. — Дæу? — гуырысхохуызæй йæм бакаст Зураб. — Гъемæ хорз. Бафæлварæм дæу дæр. — Æмбал командир, Мэлсы цæмæн æрвитыс? — сдзырдта Бабенко. — Мæнæ дзы замманай сгарджытæ куы ис — Шемякин, Санашвили... Мэлс та къæдзæхы йас лæппу у. Саугуырм дæр æй куы фендзæн дардмæ... — Ацы хъуыддаг мын мæхи бар уадз, — йæ ныхас ын æрдæгыл аскъуыдта Зураб. Мэлсыл уыдис цыбырдым урс кæрц. Урс, зæгъгæ, фыр чъиллонæй йæ хуызæн раиртасæн дзæбæх нал уыд. Уæлдзарм худы хъустæ йæ тенкайыл æлхынцъбаст. Автомат йæ риуыл цæхгæрмæ ауыгъдæй хъæды астæуты араст Абовяны фæд-фæд. Арутюн бæлæсты аууæтты æмбæхсгæ куыд хъуызыд, уый йæ фæдтæй бæрæг уыди. Хъæды астæуты цалынмæ цыдис, уæдмæ йæ иу хъуыды цух нæ уагъта: кæд, мыййаг, Абовяны хуызæн фæлтæрдджын сгарæг къæппæджы бахауд, уæд Мэлс та хъуамæ
бынтон хъавгæ архайа. Уæвгæ та йын æнæ уацайрагæй æрбаздæхыны бар нæй. Мæнг ницæмæй загъта Бабенко: къæдзæхы йас лæппу дардмæ дæр бæлвырд бæрæгæй зынди бæлæсты æхсæн. Йæхи дæр не ’мбæхста: немыц хъæдмæ сæ ныфс бахæссой, уый йæ нæ уырныдта. Афонмæ сæ тæккæ фынæйæ уыдзысты. Мэлс лæгæрста гуырæмбæрцæй, пыхсытæ тæнæгдæр кæм уыдысты, ууылты. Йæ æппæт бакаст дæр дзырдта: «Мæнæ дæн, цы дæн, уымæй! Лæгдæр уæ кæцы у, уый рацæуæд!» Уалынмæ бахæццæ хъæды астæуты фæндагмæ, машинæты цæлхытæ æмæ дзоныгъты æфсæнтæ йæ афтæ ныннадтой, æмæ йыл фыр бырынцъагæй æрлæууæн нæ уыд. Арутюн фæндагыл цæхгæрмæ нæ ахызт, фæлæ галиуырдæм ацыдаид æви рахизырдæм — хуыцау йæ зонæг. Йæ фæд дарддæр кæуылты у, ууыл рæстæг сафыны фадат нæ уыд æмæ Мэлс иуцасдæр ахъуыды кæныны фæстæ араст, фæндагæй ныгуылыны ’рдæм цы надвæд фæсаджил, ууыл. Иу дзæвгар куы балæгæрста пыхсытыпЫхсыты, уæд йæ хъустыл ауад цыдæр æнахуыр хъинц. Мэлс цы уыди, уымæй цæст æмæ хъус фестад. Къудзиты æхсæн æрæмбæхст æмæ хъинц кæцæй фæцыд, уыцырдæм хъахъхъæнын байдыдта. йæ æмбæхсæнæй цалдæр метры æддæдæр арфгомау æрхы бын дыууæрдæм рацу-бацу кодта немыцаг. «Ахъаззаджы амæттаг у», — ахъуыды кодта Мэлс æмæ автоматы мæнгвæдæгыл æнгуылдз æрæвæрдта. Немыцаг мынæг хъæлæсæй йæхицæн цыдæртæ дзырдта æви заргæ кодта, уымæн рахатæн нæ уыд. Æвиппайды Мэлсы сæры æнахуыр хъуыды февзæрд: «Цæй, æмæ дзы ахъазон». Фашист разынди Мэлсæн йæхи хуызон æвзонг лæппу. Куыддæр йæ чъылдым разылдта æмæ фалæрдæм араст, афтæ Мэлс йæ æмбæхсæнæй ратæррæтт кодта æмæ йæ æккой абадт, йæ быны йæ æрыссæста. Йæ автомат ын йæ къухтæй акъахта æмæ дзы немыцаджы фæстæрдыгæй басхуыста, гобиты æвзагæй йын бамбарын кодта, дæ къухтæ сдар æмæ афтæмæй мæ разæй араст у, зæгъгæ. Йæхæдæг худæджы хосæн фашисты фæсонтæм йæ амонæн æнгуылдз сбыцæу кодта æмæ цыма автоматы хæтæл у, уыйау-иу æй дзы рæстæггай басхуыста. Мэлсы цæстытыл ауад, немыцаджы æнгуылдзæй схойгæ куы æрбахæццæ кæна, уæд йæ æмбæлттæ худæгæй артæнхæлд куыд фæуыдзысты, уый... Наденькæ дæр æм, кæй зæгъын æй хъæуы, бынтон æндæр цæстæй акæсдзæн, хъуамæ бамбара — ахæм хъæбатыр хъуыддаг алчи нæ равдисдзæн. Скæсæны арвгæрон гæзæмæ куыддæр фæхъулæттæ, афтæ немыцы ’рдыгæй иу иннæйы фæдыл стахтысты æртæ ракетæйы — кæрдæгхуыз, сырх æмæ та ногæй кæрдæгхуыз. Сæ фæд арвы тары куы бамынæг, уæд бæстæ топпы æмæ автоматы гæрах. ссис, ныннæрыдысты цалдæр гранаты. «Цыдæр æрцыд... Æвæццæгæн, немыц бырсын байдыдтой», —
ахъуыды кодта Мэлс æмæ йæ æнгуылдз фашисты фæсонтæм ноджы тынгдæр нылхъывта. Хæст цырынæй-цырындæр кодта. Хъæды астæу æрдузмæ куы æрбахæццæ сты, уæд сæ дыууæйы дæр ныддæлгом бахъуыди, уымæн æмæ нæмгуытæ алырдыгæй сæ тæккæ сæрты къуыззитт кодтой. Цалдæр минуты æнæзмæлгæйæ фæхуыссыдысты. Нæхионтæм кæуылты хуыздæр цæугæ у, зæгъгæ, йæ сæр куы сдардта æмæ фæлгæсын куы байдыдта Мэлс, уæд фашист фæгæпп кодта æмæ лидзынмæ хъавыд. Мэлс æй аййæфта, зæхмæ йæ нылхъывта, æмæ миты рагъыл хъæбысæй хæцын байдыдтой. Мэлс немыцаджы сæр автоматы хъæдæй ныддаудта æмæ, куы фæдыдагъ, уæд æй змисы голлагау йæ фæдыл ласын байдыдта. Нæхионтæм æй нымад цалдæр метры йеддæмæ нал хъуыд, афтæ йæ галиу цонгыл немыцаг автоматы нæмыг сæмбæлди. — Хуытæ! — йæ хъæлæсы дзаг немыцы ’рдæм рахъæр кодта Мэлс. Уацайраг уыцы æгомыгæй лæууыд. КæД Мэлсæн йæ цонг цыфæнды рыст кодта, уæддæр фашисты йæ фæдыл ласгæ хылди размæ. Æппынфæстаг æрбахæццæ, ротæйы командир æм Бабенкоимæ иумæ кæм æнхъæлмæ каст, уыцы акъопмæ æмæ йæ былæй лæфлæфгæнгæ æртылди. — Æмбал командир, хъусын уын кæнын, — райдыдта дзурын Мэлс, куыддæр йæ улæфт йæхимæ æрцыди, афтæ. — Абовяныл никуы бамбæлдтæн... Нæ йæ федтон... Уацайраджы та... Ротæйы командир Зураб фæкомкоммæ Мэлсы цонгмæ: кæрцы дыс уыди хуынкъ æмæ дзы туг рахъардта. — Наденькæмæ фæдзурут æмæ йын рæвдз йæ хъæдгом бабæтта! — Æмбал командир! — дзуапп ын радта Бабенко. — Наденькæ хæсты быдыры цæфтæм зилы. — Уæдæ кæрдæйнаг рахæсс рæвдз æмæ Мэлсы цонг нæхæдæг бабæттæм. Кæрцы мидæгæй хæдоны дыс тугæй бынтондæр ныллæхъир. Нæмыг иннæрдæм нæ ахызт цонджы, æвæццæгæн, мæкъуыстæджы нынныхсти. Цалынмæ Зураб æмæ Бабенко хъæдгом æнарæхстхуызæй сгæрстой, уæдмæ Мэлсæн фыр рыстæй йæ дæндæгты къæс-къæс цыд. Æппынфæстаг ын æй бабастой, фæлæ йæ рыст нæ фæкъаддæр. Уалынмæ акъопмæ æргæпп кодта Димæ Шемякин, мадзура æмæ хиуылхæцгæ армавираг лæппу. Йæ бакастæй бæрæг уыд, хъуыддæгтæ хорз кæй не сты, уый. — Ногæй цы ис? — афарста йæ Зураб. — Лæгæрдынц æмæ лæгæрдынц размæ. Бауромыны хъомыс сын нæй. Ахæм бирæ сты, æмæ сæ кæрон нæ зыны, — дзуапп радта Шемякин. — Мæ хъустыл моторты ниуын дæр ауад иу заман... — Мотоциклтæ æмæ уæзласæн машинæтæ сæм ис. Машинæтыл сармадзантæ баст. Мæхæдæг сæ федтон.
Уæдмæ Бабенко уацайраджы бафарста æмæ Зурабы цурмæ æрбацыд. — Йæ зæгъинæгтæ иууылдæр загъта фашист. Командæгæнынад сын радта мах ардыгæй цыфæндыйæ дæр фæсурыны бардзырд... — Æмбæрстгонд у алцыдæр, — кæронмæ дзурын æй нæ бауагъта Зураб æмæ Шемякины ’рдæм разылд. — Бицъойы-фырт æрхы рахиз фæхсты бахъуызæд... — Бицъойы-фырт уæззау цæф фæцис, — загъта тарæрфыгæй Димæ. — Фæцæф?! — О. Барбашев Коля æмæ Гасымов Рамазан та мард фесты. — Цæфтæ нæм цал ис? — Бирæ, тынг бирæ. Ноджы ма Наденькæ дæр никæцæйуал зыны. Цы йыл æрцыдаид, нæ зонын, фæлæ йæ тæккæ цуры гранат куыд схæцыд, уый федтон. Уæды онг Мэлс бадт акъоппы бын, йæ фæсонтæ къулмæ быцæуæй. Шемякины фæстаг ныхæстæ куы айхъуыста, уæд йæхиуыл схæцыд, уынæргъæгау дзы сирвæзт: — Наденькæ! Стæй уæд йæ хъæлæс цы карста, уымæй ныхъхъæр кодта: — Наденькæ!!! Цы йыл æрцыд? Кæм ис? Кæм ис Наденькæ? Ныртæккæ йæм фæцæуон! Уыцы фæлурсæй, дзойдзойгæнгæ сыстад æмæ акъоппæй сгæпп кодта, автомат йæ къухмæ райста, æмæ размæ, хæсты быдырмæ араст. — Кæдæм цæуыс уыцы хуызæнæй? Æви дæ сæры зонд фæцыд! — ныхъхъæр кодта Зураб. Дзуапдйеттæг ын нæ фæцис. — Дæумæ дзурын æз! Фæстæмæ раздæх! — ныхъхъæр та кодта ротæйы командир. Фæлæ Мэлс хъусгæ дæр нал кодта æмæ йæм ныхас дæр нал къардта. Йæ сæры зилдух кодта æрмæст иунæг хъуыды: Наденькæйыл, йæ иунæг уарзоныл, цыдæр æрцыд. Бонивайæнты дæр ма мит уыцы урс-урсид тæмæн калдта, ныр ыл топхосы фæздæг æрбадт, салдæттæ йæ сæ къæхты бын бассæстой. Мэлсмæ æргуыбыр кæныны зонд дæр нæ уыд æмæ æрæмбæхсыны зонд дæр; гуырæмбæрцæй лæгæрста размæ, хъуамæ йæ маст сиса æнæуынон фашисттæй, райгуырæн зæхмæ, йæ хæлæрттæм, йæ фыццаг уарзонмæ чи æрбалæбурдта, уыдонæй. Мэлс цæсты зулæй ауыдта дыууæ салдаты: гуыбыр-гуыбыр тагъдгомау фæцæйластой сæ пулемет аууондæр бынатмæ. Сæ иуы дзы зонгæ дæр бакодта — Калягин Вася... Йæ тæккæ къæхты бынмæ фæцис мард салдат æмæ Мэлс йæ пувæрсты ацыд. Чи у цымæ? Ноджыдæр та мард... Кæйдæр тарст хъæр: «Кæдæм лæгæрдыс?! Цæрын дæ нал фæнды?» Мэлс æдзæмæй лæгæрста æвæд миты, автоматæй æхста
æмæ æхста, бæлæсты аууон чи æмбæхст, уыцы фæныкхуыз æндæргты. Немыц райдианты фæкуыддæр сты, сæ цæстытæ сæ цыма сайынц, афтæ сæм каст, уый йеддæмæ чи хъуамæ бахæсса йæ ныфс ацы зындоны гуырæмбæрцæй лæгæрдынмæ. Дзæвгар сæ куы фæхъуыд, æрмæст сæм уæд бахъардта хабар æмæ Мэлсыл ныккалдтой, фæлæ цыма кæлæнгонд уыд, уыйау ыл никæй нæмыг æмбæлди. Уæдмæ, ротæйæ æгас чи баззад, уыдон иууылдæр йæ фæдыл абырстой немыцы хæцæнтæм. Хъæды айзæлыд æнæкæрон «Ура!» Мэлсмæ хъуысын байдыдта йе ’мбæлтты уæззау лæф-лæф, иу цалдæрæй йæ фæрсты фæразæй сты æхсгæ-æхсын. Фашисттæн сæ сæр сæ кой ссис. Мэлсæн йæ цæф æвиппайды афтæ тынг риссын байдыдта, æмæ йæ бон иу къахдзæф акæнын дæр нал уыд. Мэлс æрлæууыд æмæ йæ алыварс афæлгæсыд. Гæрæхтæ адард сты. Хъæд та æгуыппæгæй ныхъхъус. Нæзыты къалиутæй нæмгуытæ кæуыл сæмбæлдысты, уыдонæн сæ мит æрызгъæлд æмæ быгъдæгæй лæууынц. Ихы бынæй хъуысы мæсчъыдоны мынæг хæл-хæл. Уæртæ ныххал сты тæрхъусы фæдтæ. Цавæр хæст? Цавæр адзал? Лæппу иннæрдæм акаст æмæ хъæды тæккæ кæрон, гранат зæхх кæм сфæйлыдта æмæ сыджыт миты уæлæ кæм байтыдта, уым сау дзыхъхъы фарсмæ дыдагъæй ауыдта чызджы мард. Мэлсæн йæ зæрдæйы цæлхъ-цæлхъæй йæ хъустæ амыр сты, афтæмæй чызджы рдæм цалдæр санчъехы акодта. — Наденькæ! Йæ тæрхъусдзарм худ иуварс ахауд æмæ цыбыр æлвыд бурдзалыг дзыккутæ чызджы цæсгомыл æрызгъæлдысты. Йæ фæсхъусы хъæдгомæй туг фæкалди æмæ миты уæлæ æнхъæвзта. Мэлсы фæндыд ныккæуын, нынниуын, фæлæ йæ зæрдæ æвиппайды афтæ ныддур, æмæ дзы цæссыг нæ рахъардта. Йæ худ йæ сæрæй систа æмæ дзойдзойгæнгæ æрбацæйцыд чызгмæ. Дыууæ санчъехы ма йæ куы хъуыдис, уæд хъæды азæлыд хус гæрах, фæлæ йæ Мэлс нал фехъуыста: йæ тæккæ ныхыл сæмбæлд немы цаг фондзæхстоны нæмыг. Фашистон рæстдзæвин æмбæхст уыди нæзыйы цъуппыл æмæ Мэлсмæ рагæй каст топпы хъавæнæй... Лæппуйы дæр æмæ чызджы дæр бæгъæмсарæй ссардтой се ’мбæлттæ. Æхсар æмæ лæгдзинад кæй равдыста, фашисттæй дзæвгар кæй ныццагъта йæхи къухтæй, ротæ хъазуат хæстмæ кæй сыстын кодта æмæ афтæмæй советон æфсæдты ныббырстæн фæндаг кæй байгом, уый тыххæй Мэлсæн йæ адзалы фæстæ лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыры ном. * * * — Сымах, æвæццæгæн, зæгъдзыстут: ахæм зæрдæагайæн хабæрттæ бирæ фехъуыстам, — мынæг хъæлæсæй балхынцъ кодта Æмзор йæ ныхас. — Чи зоны, раст дæр зæгъат... Фæлæ... Фæлæ
хæст æгæр чъизи æмæ æбуалгъ у, хатыр никæмæн æмæ ницæмæн зоны. Адæмы кæй цæгъды, уымæй уæлдай мары, сæ цард цæй охыл у, уый дæр. Æндæр æз ницы зæгъинаг уыдтæн. БÆГÆНЫДЗУАН Дыгургомы куы дæн, уæдæй нырмæ абоны хуызæн æнуд рæстæг никуыма скодта. Сулæфæнтæ нæй æппындæр. Куыд æй æмбарын, афтæмæй Æмзор дæр хуыздæр раны нæй. Фадхъултæм рыг змæнтгæ цæуæм уынджы астæуты. Нæ фæндах у автобусы лæууæнмæ. Уырдыгæй хъуамæ ацæуæм Алагирмæ, Къостайы конд нывтæ аргъуаны фенынмæ. Автобусы лæууæнмæ ма иу дзæвгар ауайын хъуыд, афтæ Æмзор æрлæууыд. — Нæ фæлæ цы, уый зоныс? — йæ ных æмæ бæрзæй къухмæрзæнæй асæрфта. — Алагир хорз кæй у, уый гуырысхойаг нæу. Йæ алыварс хъæды зайы къабускайы стæвдæн æрыскъæф. Уæдæ дзы къозотæ дæр ронбастæй уæлдæр сты. Æрыдоны дон та рагæй фæстæмæ дæр хъæбынтæ ласы... Гъе, фæлæ ацы æнтæфы ардыгæй уырдæм фæцæуын æлгъыстæй уæлдай нæу. Фæлтау цæуæм бæгæны нуазынмæ. Мæ дзуапмæ дæр нæ банхъæлмæ каст, афтæмæй цæхгæрмæ уынгмæ фæзылд. Кафейы фæмидæг стæм. Æрдæгталынг уаты мæлæты дзæбæх сатæг у. Ноджы ма царыл æнæнцойæ зилынц уæрдоны цалхыйас дыууæ вентиляторы. — Æгас цу, Æмзор! — ныццин кодта буфетгæс, рæстæмбис кары сырхуадул коса лæг, йæ уæлæ дæргъытæ цыбырдыс цъында хæдон, джинс хæлаф æмæ чырынтæ раздарæн. — Цы дæ зæрдæ зæгъы? Æмзор мæнырдæм фæрсæджы каст æрбакодта. Нæ цыды сæо бæгæныйы фæдыл бæргæ уыди, фæлæ ахæм аслам хабар Æмзормæ къæмдзæстыггаг фæкаст. — Лæг йæ цард райсомæй куыд сæвæра, уымæй бирæ аразгæ у. Иугæр кæм æрбацыдыстæм, уым хъуамæ фæйнæ сыкъайы.. Стъалыджынæй! — армытъæпæнæй æрцавта фынг. — Фæйнæ коньячы нын рахæсс. Дæхи дæр ма фæхъулон кæн. Стæй дыууæ физонæджы. Нымадæй цалдæр минуты фæстæ фынгыл фæзындысты коньячы дыууæ агуывзæйы, бур-бурид цъыс-цъысгæнгæ физонæг, хъæдындз, дудгæ, урс дзулы кæрстытæ. Физонæг хъæбæргомау разынд Æмзоры дæндæгтæн, бирæ раууил-баууилы фæстæ йæ куы нынныхъуырдта, уæд удæнцойæ сулæфыд: — Ахъаззаджы физонæг у. Фæлæ йын йæ фæдыл та цы ауадЗæм, цы? — бадзырдта буфетгæсмæ. — Дæ зæрдæ цыдæриддæр æрцагура, уый — адджын дон зæгъай, суар зæгъай, бæгæны зæгъай.
— Уый дын мæ зæрдæмæ цæуы! Бæгæныйæ бæллиццагдæр ма уæвгæ та цы уа ахæм бон. Куыд дæм кæсы, Евычкæ? — дзуапмæ дæр нал банхъæлмæ каст.—Рахæсс дзы дыууæ. Буфетгæс уазалгæнæнæй дыууæ авджы райста. Цалынмæ сæ нæ цуры æвæрдта, уæдмæ сæ фæрстæ рахид сты. Æмзор дзы иу йæ цæстытæм хæстæг бахаста æмæ йын йæ фыстытæ кæсы: «Жигулевское». Буфетгæсæн куыст нал ис æмæ тæрхæгыл æрæнцой кодта, афтæмæй хæринаггæнæг сылгоймагимæ сусу-бусуйæ дзурынц. —Чехаг бæгæны дæм нæй? — æнцой йæ нæ уадзы Æмзор. — Цавæр бæгæны, зæгъыс? — Чехаг. Мæ уазæг Евычкæ Чехословакийæ у. Сæхирдыгон бæгæныйы хъæстæ йæ куы фæкæнпккам, уæд диссаг уаид. Къуымы фынгтæй иуы уæлхъус цы цалдæр нæлгоймаджы бадт, уыдон махырдæм разылдысты. — Ничи йæм хъусы — йæ зæрдæ цытæ æрцагуырдта! Чехаг бæгæны Дзинагъайы стыр фыдбылызты рæстæг йеддæмæ никуы вæййы, уый дæ байрох, æвæццæгæн, — æрбахъæр нæм кодта фынджы адæмæй иу. Буфетгæс ныххудт. Иннæтæ дæр бахъæлдзæг сты. Æрмæст Æмзор не ’мбары, йæ ныхас сæм афтæ худæг цæмæн фæкаст, уый. Тæргайхуызæй йæ бæгæныйы авг равдæлон кодта æмæ феддæдуар. Æз дæр йæ фæстæ. — Ахæм ма æнуд рæстæг уа, — хъуыр-хъуыр кæны йæхицæн. — Ныр сæ бафæрс, уæд цæуыл мыр-мыр кæнынц. Йæхимæ дзы лæг чи нæ æркæсдзæн... Кæд цыфæнды даргъ разынд сусæны æнуд бон, уæддæр ын æппынфæстаг кæрон æрцыд. Сæрдыгон хæдзары сатæджы бакъорд сты бинонтæ. Æмзор абонсарæй уыцы хъуынтъыз у, дзурын дæр æм нæ цæуы. Изæрæй телевизоры раз куы бабадтыстæм, уæд йæ зæрдыл цыдæр æрбалæууыд æмæ йæ ных бакъуырдта: — Ай бынтон æдылы куы разындтæн!.. Худæг ыл бахæцыд æмæ йæ бæзджын «ха-ха-ха» уаты къуымты арауы. Цал стæм, уалæй йæм джихæй кæсæм, цæуыл худы, уымæн ницы æмбарæм. Зæлинæ йæхи нал баурæдта йæ фыдмæ кæсгæйæ æмæ ныппырыкк ласта. Æз дæр уыдонмæ гæсгæ худын райдыдтон. Худынц Хъазыбег æмæ Лизæ дæр. Телевизорæй диктор куы фехъусын кодта, райсом къæвда уыдзæн, зæгъгæ, уæд нæм уый та бынтон худæг фæкаст. Æмзор куыд бамбарын кодта, афтæмæй телевизоры цур куы æрбадт, æрмæст уæд æрбалæууыд йæ зæрдыл, абон чехаг бæгæныйы кой куы скодта, уæд адæм цæуыл бахъæлдзæг сты, уый. Хабар мæнæн дæр радзырдта. * * * Иу ахæмы Дзинагъайы нæлгоймаг фæспвæд дуканийы раз фæзы бакъорд сты æмæ сын рæстæгмарæн ныхас бацайдагъ. Бо-
ныхъæдæй райдыдтой æмæ Орджоникидзейы «Спартак»-мæ ахæццæ сты. Кæлæнтæ сын счындæуыд, æвæццæгæн, ирыстойнаг футболисттæн, уый йеддæмæ ныр цалдæр хъазты фæд-фæдыл, сæхи фæзы дæр æмæ балцы дæр, фæхæрд вæййынц. Фæлæ уæддæр футболуарзджытæ сæ командæйыл сæ зæрдæ нæ ивынц, йæ хъуыддæгтæ кæд фæрæстмæ уыдзысты, уымæ æнхъæлмæ кæсынц. Футболы хабæрттæ дæр ахицæн сты. Дарддæр та цы? Таймураз сигаретты къопп систа, хистæрмæ, Батырбегмæ йæ уæзданхуызæй бадардта. Батырбег дыууæ æнгуылдзæй «Космос» раласта къоппæй, зынг ыл бадардта æмæ мастгæнаг фæздæг адджынæн сулæфыд. Пака фындзыхуынчъытæй куы ракалд фæздæг, уæд хабар йæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ фехъусын кодта: — Турбазæйы чехаг бæгæны уæй кæнынц. — Æмæ уый цы диссаг у? — афарста Созо. — Куыд «цы диссаг у»? — былысчъилæй йæм бакаст Батырбег. — Чехаг бæгæныйы кой æнæхсадæй макуы кæн. Æви дæ зонд æндæр нæ кæрды? Чехаг бæгæны æгас дунейы дæр æлутоныл нымад у. Уæллæй, Кæсæджы бæстæйы дæр æй æнцонты не ссардзынæ. — Батыр, дæ ныхасæн æз кæддæриддæр стыр аргъ кодтон, — æнæууæнкхуызæй йæм бакаст Созо.—Фæлæ йæ ацы хатт цыма æгæр фæкарз кодтай. Раст зæгъын хъæуы, уыцы чехаг бæгæны æз никуы банызтон, фæлæ цыма мæскуыйаг бæгæныйы нæ аййафдзæн, афтæ мæм кæсы. — Ахæццæ стут чехаг æмæ мæскуыйаг бæгæнымæ, — ныхас йæхимæ айста Таймураз.—Худинаг дæр уæм нæ кæсы—макуы дзы фæхъæстæ у, афтæмæй йæ æппæлынтыл схæц. Сымахмæ байхъус, уæд нæхимæ ирон бæгæны æппындæр ницуал у. Кæд иу гыццыл абаддзыстут, уæд уын æз ныртæккæ æнæхъæн къæртайы дзаг æрдавдзынæн. Нырма йæ знон рафæлдæхта не ’фсин. Уынгæ йæ фæкæнут, стæй уæд дзурдзыстæм, мæскуыйаг хуыздæр у æви чехаг, ууыл. КæД сæ нæхион фæсте нæ фæуадза, уæд. — Цæй, цы йæ скадджын кодтай ды дæр дæ бæгæны! — мæстæймарæн ныхас баппæрста Бетъре. — Ирон арахъхъы тыххæй куы зæгъис, уæд дæр ма æндæр хъуыддаг у. Сыгъдæг хорæй куы уа, уæд. Æмбал дзы уымæн нæй, уымæн æгас дунейы. Фæлæ бæгæныйы тыххæй мæнг зæгъыс, Таймураз. Цъитийы дон дæр ма сымах бæгæныйæ тынгдæр бацæудзæн сæры. — Ау, уæдæ ныронг не ’фсины бæгæныйæ цал хатты фæхъæстæ дæ, уал хатты дзы æппæлгæ куы кодтай, — фæхъыг Таймуразæн. — Еи-и, Таймураз, Таймураз, — йæ пыхцыл æрфгуыты бынæй йæм бакаст Бетъре æмæ иннæтæм йæ цæст æрныкъуылдта. — Дæ хæдзары бирæ хæттыты сæмбæлдтæн, дæ цæхх æмæ кæрдзын бирæ фæхордтон. Фæлæ дын уыцы къæмынтаг хæйрæджы хай дæ зонд афтæ ныззыгъуыммæ кодта, уый мæ ницы хуызы
бауырныдтаид. Бæгæны кæй хоныс, уый æз æдзухдæр туаг къуымæлыл нымадтон. Нæлгоймæгтæ ныххудтысты. Таймуразы цæсгом сырххъулон афæлдæхт, зæххы скъуыды куы ныххаудтаид фæлтау ахæм фидисы бæсты. Æппæтæй зæрдиагдæрæй худт Батырбег, йæхинымæр та нымадта, буфет сæхгæнынмæ цас рæстæг баззад, уый. — Ау, Бетъре... — фыр мæстæй цы зæгъа, уымæ нал арæхст Таймураз. Йæ къух ауыгъта æмæ уæнтæхъилæй сæхирдæм араст. — Ничи йæм кæсы къæмынтаг сиахсмæ! — йæ фæдыл ахъæр кодта Созо. — Йæ æфсиныл ардауынмæ фæцæуы! Ноджы зæрдиагдæрæй ныххудтысты фæсивæд. Хур ныгуылæны ’рдыгæй хæхты цъуппытыл æрæнцайынæввонг акъул. Батырбег скатай. Исты æрхъуыды кæнын хъæуы рæвдздæр, науæд æнæ бæгæныйæ баззайдзысты. Таймуразы фæдыл дзæвгар фæкаст, стæй уæд йе ’мбæлттыл сбустæ кодта: — Ныр æнæхъуаджы цæмæн бафхæрдтат лæджы? Йæ алыварс чи лæууыдис, уыдонмæ æрæджиауы фæсмон æрцыд: æцæгдæр, цæй дымæгмæ бацыдысты сæ хуыздæр хæлары зæрдæхудты? Кæрæдзийы азымджын кæнын райдыдтой. — Иуæй хорз адæймаг у, иннæмæй — агургæ æмæ æнæаргæ шофыр, — бауайдзæф сын кодта Батырбег. — Йæ машинæйæн та бынтон æмбал нæй — кæддæриддæр рæвдз. — Æмæ уый цы диссаг у? — загъта Созо. — «Цы диссаг у? Цы диссаг у?» — сфæзмыдта йæ Батырбег.— Зондæй мæм бынтон æххæст нæ кæсыс, Созо. Дæ къоддорæй хуыздæр ахъуыды кæн, æмæ уæд бамбардзынæ, иугæр уыцы номдзыд бæгæныйæ саходинаг кæд стæм абон, уæд хъуамæ исты амалæй турбазæмæ фæцæуæм. Фæлæуу, фæлæуу, æмбарын æй, цы зæгъинаг дæ, уый. Хорз, ды куыд зæгъыс, афтæ фæуæд, фистæгæй дæр ардыгæй уырдæм дард нæу. Фæлæ мæйдары къуырццытæгæнгæ фæстæмæ куыд здæхдзыстæм, уый дæр мын бамбарын кæн æххæст. Æви уæ искæй сæрсæфæнæй атæхын фæнды? Иууылдæр ныхъхъус сты. Кæд сæ ныронг турбазæмæ бæгæныйы тыххæй фæцæуыны зонд никæмæ уыд, уæд ныр иууылдæр бацыбæл сты, цыма уыцы æндæрбæстаг бæгæныйæ куы нæ фæхъæстæ уой, уæд сыл уæвгæ дæр нал сбон уыдзæн. — Уæллæй, раст зæгъут, — ныуулæфыд Бетъре. Йæ аххос æмбæрста æмæ йæ æрфæндыд йæхи сраст кæнын. — Уæд та лæгъстæмæ фæцæуин Таймуразмæ? Хорз æмæ бынтон тæнзæрдæ разынд Таймураз. Цыма æфхæрд æмæ фидис æппындæр нæ баййæфта, уыйау замманай æхсидгæ бæгæныйæ дæр ма хорз федта Бетърейы. Уый дæр дзы куыннæ фсппæлыдаид, стæй фысымæн дызæгъ-мызæгъы бамбарын кодта, уыцы адæмы турбазæмæ куы фæласис, зæгъгæ. Таймуразы бинойнаг — Бетъре йын къæмынтаг хæйрæгæй кæй бафидис кодта, уый — йæ моймæ бæргæ бадзагъултæ уыцы ны-
хæстæм хъусгæйæ, фæлæ Таймураз йæхи нæуынæг скодта: машинæ уайтагъд скуыста æмæ дуканийы цур фæзы балæууыд. — Схизут иууылдæр! — рахъæр кодта кабинæйæ, машинæ куыддæр æрлæууыд, афтæ. Иу-ссæдзы бæрцæй гуыффæмæ сгæпп кодтой уыцы рæвдзæй. Сæ хистæр Батырбеджы та бабадын кодтой буцдæр бынаты — шофыры фарсмæ. Таймураз машинæ скусын кодта æмæ гуыргуыргæнгæ, дурæй астæрд фæндагыл схъиудтытæгæнгæ дæлæмæ, турбазæмæ араст. Æмбисвæндагмæ нæма æрбахæццæ сты, афтæ Таймуразæн йæ сурхид йæ фæсонтæй акалд— машинæйы уромæнтæ йæ коммæ нал кастысты. Дæлæмæ, турбазæмæ, уырдыгыл стырындз уæззау машинæ æмæ йын бауромæн ницуал хуызы ис. Таймураз мотор бæргæ ахуыссын кодта, фæлæ уæддæр машинæ йæхи уæзæй уыцы тырындзæй тулы æмæ тулы. Æниу, тулы, цы хонæм, тæхы куы зæгъæм, уæд растдæр уыдзæн. Гуыффæйы адæм хъуыддаг уæвгæ бамбæрстой æви нæ, уый абон дæр бæрæг нæу, фæлæ Батырбегæн шофыры фарсмæ бадгæйæ цас зын бамбарæн уыд. Йæхи ныхъхъæддых кодта, фæсонтæ бандоны чъылдыммæ сбыцæу кодта, цыма машинæ афтæмæй бауромынмæ хъавыд, уыйау. Машинæ æхситгæнгæ турбазæйы рæзты æривгъуыдта æмæ тæккæ бацæуæнмæ хæстæг егъаудæр цы бæлас уыд, ууыл йæхи сиавта. Гуыффæйы чи бадт, уыдон иууылдæр кабинæйы сæрты размæ асхъиудтой, иу та дзы нæзыйы пыхцыл къабазыл ауындзæгæй аззад. Сæ тъæпп зæххыл куыд фæцыди, афтæ иууылдæр, кæм æрхаудтой, уым хуысгæ баззадысты. Хæрдмæ ничи ницы сдзырдта, фæлæ се ’ппæтæн дæр сæ хъуыды уыди æмхуызон — мæрдты бæстæйы балæууыдыстæм. Сæ цæстытæй-иу куы ракастысты, куы-иу сæ бацъынд кодтой; диссаг сæм каст: мæрдты бæстæйы дæр уæлион царды хуызæн ис бæлæстæ, стъалыджын арв, электрон цырæгътæ, суанг дзы резинæйы æмæ бензины тæф дæр кæлы. Кабинæйы дуар тыххæйты байгом æмæ дзы чъылдымырдæм рахызт Батырбег. Йæ æмбæлтты дæлгоммæ-уæлгоммæ хъентæй куы федта, уæд йæ сæр ныттылдта æмæ ныууынæргъыд: — Уый та уын чехаг бæгæны! Хорз æмæ дзы уды зиан не ’рцыд, æрмæст цалдæрæн сæ фæрсчытæ асастысты, Созойæн та йæ фындзы царм астыгъд æмæ йын уæдæй фæстæмæ уалдзыгон хуры фыццаг тынтæй цывзыйау сырх афæлдæхы. Машинæ йæхи бæласыл кæм сцавта, уый тæккæ фарсмæ хъуынайæ лæууы, незаманты къæдзæхæй цы къæртт рахауд, уый. Дзинагъайы фæсивæд бæгæныдзуаны куы рараст сты æмæ сын сæ Уастырджийы хай куы баххуыс кодта, уый фæстæ къæдзæхдурыл фæзынди фыст: «Ацы ран 1970 азы августы æрцыд стыр фыдбылыз. Табу хохы дзуæрттæн, лæджы мард дзы нæ уыд».
Батырбег уæдæй фæстæмæ ныхасы никуал фæзынд. Хæдзарæй æддæмæ дæр искуы-иу хатт йеддæмæ нал цæуы, уый дæр æм æртæ чъирийы скувыны тыххæй æгас комбæстæ куы бахатынц, æрмæстдæр уæд. Кæстæртæ хуыцауы æлгъыст сты, комкоммæ йæм кæд ничи бауæнды, уæддæр хъус-хъус ахабар кæнынц: — Афæрсут-ма йæ — чехаг бæгæны нæ агуры йæ зæрдæ? КОМЫ ДÆГЪÆЛ — Евычкæ, мæ къона! — йæ цæстытæй мæм худы Æмзор. Раст цыма кæмдæр мит рауарыд, уыйау æнахуыр уазал фæскъæвда бон скодта. Уарын дысон банцад, фæлæ абонсарæй хуры цæст нæ федтам. Ихæнриз ныл бахæцыд Лизæимæ æмæ нæхи пецмæ хæстæгдæр байстам. Æмзормæ та уазал нымады дæр нæу; йæ хæстæджытæй цалдæр хæдзарыл æрзылд, фæйнæ сыкъайы куыннæ анызтаид алкæмæ дæр, æмæ ныр йæ уадулты туг бацыд, афтæмæй бады стъолы фарсмæ. — Евычкæ, мæ къона, цы стыр амонд дæм æрхауд, уый æмбаргæ дæр нæ кæныс. Æз кæд цыфæнды цымыдис бадæп, уæддæр ницы дзурын. Æнхъæлмæ кæсын, хабар кæд фæбæлвырд кæндзæн, уымæ. — Дæуæй амондджындæр сылгоймаг æгас дунейы дæр нæй... Мæ фыды ’фсымæр Гæбулийы куы зоныс... Се ’ппæты хуыздæр мæ фыды ’фсымæртæн. О, æмæ йæ цæй тыххæй зæгъын. Мæ хорз фыды ’фсымæр къуырийы фæстæ чындз хæссы. Иæ фырты фырты фыртæн. Нæхи Аланæн. Мæ фыды ’фсымæры лæппу Иналы фырты фыртæн. Тæккæ знон дæр ма йæ авдæны узтон. Ныр æм кæсут — чындз ын хæссæм... — Æмзоры уадултыл æнæбары дыууæ цæссыджы æртылдысты æмæ сæ йæ армы чъылдымæй асæрфта. — Уæдæ! Мæнæн мæхимæ дæр чындзхон фæзындзæн а дыууæ боны. Цæвæгимæ чи зилы, уыцы чындзхæссæг... Дзæгъæлы та мæ нæ рæхойы мæ игæр, ноджы ма мæ сæр дæр зилы... Цæй, уыдæттæ ницы сты! КæД та исты амæлттæй фервæзин. О, æмæ дын уый дзырдтон. Нæхи Иналæн йæхицæй зопдджындæр адæймаг нæй. Æмæ йæм цы хъуыды сæвзæрди, уый та! Ныхас дæу тыххæй цæуы. О, о, æрмæстдæр дæуыл. Хæлæг дæм кæнын, Евычкæ, — дæхинæй амондджындæр нæй. Куыд мын загъта Инал, уый зоныс? Евычкæйы йеддæмæ, дам, хистæр хуындзау нпкæй арвитдзынæн. Æмæ, дæумæ гæсгæ, раст нæ загъта? Бынтон раст! Ау, уæдæ æниу кæй арвитиккам дæу разæй уæвгæ та? Никæй! Фæлæуу, фæлæуу, цы батуагæнхъырдтæ дæ? Нæ хъæубæсты æхсæи куыд скадджын уыдзынæ, уый æмбаргæ дæр нæ кæныс. Уæдæ дын, Евычкæ, мыггаджы номæй фæдзæхсын: хистæр хуындзау ды ацæудзынæ. Ахæм кад адæймагмæ арæх кæй не ’рхауы, уый дæ рох ма уæд. Уæллæй, хæлат дæм кæнын, бæгуы хæлæг! Фæстаг ныхæстæ æрдæгфынæйæ дзырдта, йæ сæр йæ риуыл
дæлдæрæй-дæлдæр куыд хауы, уый бафиппайдта Лизæ æмæ йæм фæцырд, йæ мойы дæларм бацыд æмæ йæ хуыссæнмæ бахæццæ кодта. Æз та мæхинымæр сагъæсты бафтыдтæн. «Хистæр хуындзау». Цы амондзæн цымæ? Стæй кæд ахæм стыр кады хъуыддаг у, уæд æгас хъæубæсты æхсæн мæн цæмæн равзæрстой? Цыдæриддæр уыд, уæддæр къуырийы фæстæ хуындзæутты хистæрæй араст дæн. Мæ аивдæр къабайы, чындзæн куыд æмбæлы, афтæ мыл — сæрбæттæн. Иунæг, мыййаг, нæ уыдтæн — мемæ чызджыты æмæ æрыгон чындзыты къорд, цалдæр рог машинæйы бабадтыстæм. Æдæппæт дзæвгар сты чындзхæсджытæ. Зæрдаивæй анымадтон машинæтæ: аст «Жигули»-йы æмæ дыууæ «Волгæ»-йы. Чындз хъуамæ æрбахæссæм Лезгорæй. Машинæтæ фæндагыл ныххал сты. Хъæугæронмæ куыддæр бахæццæ стæм, афтæ шофыртæ цал уыдысты, уалæй сæ машинæты уасæнтæ нылхъывтой æмæ нæ хъустæй ницуал хъусæм. Мæнæ уый та чызджы хæдзар. Уæззау хъæдын кæрты дуар байгом æмæ фысымтæ — нæлгоймагæй, сылгоймагæй — нæ размæ рацыдысты æгасцуай зæгъынмæ. Мæ фарсмæ цы къæйныхдзаст чызг бадти, уый куыддæр машинæйæ рахызт, афтæ фæндыры тæнтæ аивæзта æмæ цъæхснаг зæлтæ араугæ ацыдысты комы иу кæронæй иннæмæ. Чындзхæсджытæ цас хъæлдзæг сты, уыйас æнкъард та чызгæрвитæг хæдзар у. Кæртмæ раздæр бахызтыстæм мах, сылгоймæгтæ. Уыциу кондæй нæ бакодтой мидæмæ, чындзы базонынмæ. КæД æй чындзхæсджытæ искуы-иуæй фæстæмæ иууылдæр зонынц, уæддæр æгъдау афтæ домы. Нæлгоймæгтæ кæрты афæстиат сты. Фысымты устытæй иу Аланы худ фелвæста, æмæ бæстæ хъæлдзæг хъæлæба ссис. Цалынмæ сиахс фондз æмæ ссæдз сомы балæвар кодта, уæдмæ йын йæ худ нæ радтой. Чызджы уатмæ бацыдыстæм. Чысылгомау уат у, æмæ дзы утæппæт адæмæн фезмæлæн цæмæй уа, уый тыххæй дзаумæттæ иууылдæр — сынтæгæй, стъолæй, бандонæй, скъаппæй — -рагацау тыргътæм рахастой. Нæ чындзаг — бынтон æвзонг чызг — къулыл фидаргонд гауызыл банцой кодта, афтæмæй лæууы. Мах æрбацыды размæ цæуылдæр фæкуыдта, уый бæрæг у — йæ цæстытæ сырх-сырхид. Цыдæр æнкъардхуыз у, цыма йæ моймæ фæцæуын æппындæр нæ фæнды, уыйау. йæхи хуызæн дыууæ æвзонг чызджы йæ дæлæрмтты бацыдысты, иннæтæ йыл æрæмбырд сты, алырдыгæй хъæлдзæг дзырдæппарæн кæнынц. — Мæнæ нын цы рæсугъд чындз уыдзæн — удыкъæртт у æмæ удыкъæртт! — цин кæнынц чындзхæссæг сылгоймæгтæ. Æмæ ницы мæнг зæгъынц. Æцæгдæр æм кæсынæй не ’фсæды адæймаг — ирдцъар, хъоппæгдзæст, рæхснæг æмæ гуырвидауц. Æрмæст йæ бакаст цинхуыз нæу, цыма æнæбары мой кæны,
уыйау. Тыхлæвæрд, мыййаг,нæу. Аланимæ кæрæдзийы зæрдæйыуаг суанг скъолайæ фæстæмæ зыдтой. Фæстæдæр мын Лизæ куыд бамбарын кодта, афтæмæй чызджы сагъæс вæййы, æндæр хæдзармæ кæй цæуы, бинопты æфсарм ыл кæй æрæнцайы ууыл. Дæргъæй-дæргъмæ фынгтæ æрцарæзтой кæрты. Утæппæт бæркад мæ цард-цæрæнбонты никуы федтон. Фынгтыл æрæвæрдтой æртыгай уæлибæхтæ чъирихæссæн тæбæгъты; карчыфыд нурыдзæхдонимæ, шампайнаг сæн, цалдæр хуызы коньяктæ, уырыссаг нозт, къуыдырфых дзидза, мæскуыйаг салаттæ дзидзаимæ æмæ майонезимæ, халсартæ, торттæ, алыхуызон адджинæгтæ, æвзаргæ дыргъ суанг æнгузы онг. Хойрагæн йæ иуæй иннæ хæрзаддæр æмæ бæллиццагдæр. Фынгмæ кæсын æмæ мæ хъустыл уайынц, мæ фыд мын кæддæр гыццыл чызгæй кæй дзырдта, Шехерезадæйы уыцы аргъæуттæ... Изæргæрæттæм хæстæг ахаста бадт. Æппынфæстаг бæркад загътой хистæртæ, æмæ нæ чындзы рахастам. Хъуысы рагоп чындзæхсæвы хъæлдзæг зарæг, цъæхснаг хъæлæсæй йæ систа къухылхæцæг, æмæ йын фæсивæд бахъырныдтой. Зарæджы ныхæстæ кæд æмбаргæ нæ кæнын, уæддæр зæрдæйы уидæгтæ рæдувы, мæхæдæг дæр æй нæ бамбæрстон, мæ уадултыл ставд цæссыгтæ æргæр-гæр кодтой, уый; мæ сæры хъуынтæ базмæлыдысты. Кæуы чызджы мад, кæуынц йæ хотæ æмæ къабæзтæ, чызгæн йæхицæн дæр йæ хæкъуырцц бауромын нæу йæ бон. Ахицæн йæ сабидуг, фесты йæ æвзонджы бонтæ, араст сылгоймаджы цардæй цæрынмæ. Æмæ куыд ацæудзæн йæ цард, цы йæм æнхъæлмæ кæсы кæйдæр хæдзары? Лæппуйы хæдзармæ куы æрбахæццæ чындз, уæд ын зæронд лæгтæ æртæ чъирийы скуывтой. Уый фæстæ йæ хæдзармæ бакодтой, ам æм æнхъæлмæ кастысты йæ æфсин, мыггаджы, сыхбæсты, хæстæджыты зæронд устытæ. Уыцы цымыдисæй йæм кæсынц алырдыгæй, сæрæй къæхтæм æй барынц, исты аипп æм агурынц. Чындз, мæгуырæг, сулæфын дæр нал уæнды, йæ зæрдæйы тæпп-тæпп цæуы, сæргуыбырæй лæууы. Зæронд устыты мыдыкъусы хъæстæ куы фæкодта, уæд æй æз, хуыпдзæутты хистæр, хæдзары тæккæ стырдæр уатмæ ракодтон. Æгъдаумæ гæсгæ уаты къуымы слæууыд разгом къабаты, скæсын никæмæ уæнды, йæ къæхты бынмæ нымдзаст; хъæлдзæг дзырдæппарæн цыма хъусгæ дæр нæ кæны, уыйау дары йæхи: чи дзы æппæлгæ кæны, чи йæм фаутæ хæссы. — Ау, æнæхъæн комбæсты рæсугъддæр æмбал ссарын йæ бон нæ бацис Аланæн? — Уæртæ цы фыдуынд у, уæртæ — йæ фындз йæ роцъомæ æрхæццæ! Кæртæй, нæлгоймæгты фынгæй хъуысы хъæлдзæг хъæлæба, гаджидæуттæ, зарын. Ног бинойнагыл цин кæнынц хæдзары бинонтæ, сыхæгтæ, хионтæ, хуынд адæм. Æхсæв-бонмæ дæр не ’рсабыр уыдаид, æвæццæгæн, чындзæхсæвы хъæлдзæг уынæр, фæлæ иуафоны бæстæ ныццарыдга
кæйдæр æнахуыр æзрдæскъуынæн æрдиаг, æмæ адæм фынгтæй фæгæппытæ ластой. — Чи у уый? — Цы ныл æрцыд? — хъуысынц алырдыгæй тарст хъæлæстæ. Чындзæхсæвы ахæм æрдиаг куы никуыма райхъуыст, уæд цы æрцыдаид? Æппынфæстаг хабар рабæрæг. Зæронд Гæбулимæ хардзау æркаст, йæ хæрæджы йын абонсарæй иу хъуыдыгæнæг кæй нæ фæцис, уый, æмæ йын фынджы фæлхæрттæй цыдæртæ рамбырд кодта æмæ сæ скъæтмæ фæхаста. Хайуанæн дзидзайы къуылдых дæр радта буцдæрæн. Фæлæ йæм уый æрмæст басмыста æмæ былысчъилæй иуварс азылд. Гæбули фæмæсты, къæбицмæ рауад, цайцымæны дзаг карз хохаг арахъхъ радавта æмæ йæ хæрæджы хъуыры тыххæй ауагъта, йæхæдæг фæстæмæ фынгыл æрбадт. Хæрæгæн нозт уайтагъд йæ сæры фæмидæг, скъæты къуымты зилын байдыдта, йæ фындзыл хъæбæрхоры тæф ауад æмæ кæцæй кæлы, уый агурын байдыдта. Æппынфæстаг афтид ссады голлаг ссардта, йæ сæр дзы фæцавта æмæ голлаг йæ хъуырыл стЫхсти, афтæмæй скъæтæй ралиуырдта. Ссады рыг йæ фындзыхуынчъыты фæмидæг, æмæ йыл æхснырсæг бахæцыд. Фыр тæссæй йæ хъæлæсы дзаг араугæ, кæдæм тæхы, уый нал уыдта йæ цæстытæ æхгæдæй æмæ уыцы æрдиаггæнгæ фынджы ’рдæм ныййарц. Стъол йæ риуыгуыдырæй куы сцæлхъ ласта, уæд æй бадты адæм цы фенхъæлдтаиккой, хуыцау йæ зонæг æмæ фæйнæрдæм ныххæлиу сты. Гæбули та мидбылхудгæ йæ къухтæ кæрæдзиуыл даудта: — Мæтæй мæлын, утæппæт бæркад иууылдæр мæхицæн баззад... — Уыныс, уый та дын Гæбули, мæ фыды ’фсымæрты хуыздæр, — зæронд лæджы ’рдæм йæ сæрæй ацамыдта Æмзор. — Йæ зæрдæ сывæллоны зæрдæйæ уæлдай нæу. Дæс æмæ йыл цыпппарыссæдзæй фылдæр цæуы, уæддæр йæ хъазæн митæ нæма ныууагъта. * Иуырдыгæй бæласы зæнгмæ, иннæрдыгæй та къодахмæ фидаргонд фæйнæгыл бады Гæбули сæ дуармæ. Лулæ адджын пъæрттытæ кæны, афтæмæй йæ зæронд стджытæ хурмæ тавы. Чи йæм бакæса, уый зæгъдзæн: бады зæронд лæг йæхицæн æмæ уадз æмæ бада, йæ рагбоптæ мысæд, æндæр ма йæ цæй сагъæстæ хъуамæ уа. Макæй уæ фæсайæд уыцы зæрдæ. Чп æрзæронд æмæ пæ гæрзтæ чи æрæвæрдта, уыдопæй нæу Гæбули. Йæ сæры цавæр сæртæг хъуыдытæ зилдух кæнынц, уый уæ никæй фæсонæрхæджы æрцæудзæн. Йæ цъæх-цъæхид цæстытæй цæмæй ма разыной фыдуаг хъуыдытæ, уый тыххæй сæ уæлтъыфылты бын æм-
бæхстæй дары. Раст мæнæ йæхи нæуынæг чи скæны, æцæгдзинадæй та мысты хуынкъмæ агæппæввонгæй йæ хъус чи дары, ахæм гæдыйæ уæлдай нæу. Уæртæ фæндагыл сæ сыхæгты ус цæхгæрмæ æрбахизы. — Дæ бон хорз, Гæбули! — салам радта зæрондæн. — Маро уæхимæ ис? Гæбули йæ бандоныл банкъуысыд, зæронд усæн салам дæтгæйæ, «о», зæгъгæ йын сæрæй ацамыдта æмæ йæ бандоныл ногæй æрбæстон. «Цымыдис гæркъæраг», — хинымæр ахъуыды кодта Гæбули. «Мæ азтæй иу-дыууæ аппар, уæд дын æз бæргæ фенын кæнин, уæллæгты ус рухсаг уæд — уымæн цы бакодтон, уый дæуæн дæр бæгуы бакæнин». Хъуыддаг уыд афтæ. Цалдæр азы размæ сæм сæ уæллаг сыхæгты ус фæцалх. Искæй фыдгойæ хуыздæр æм ницы каст. Сыхæгтæй кæуыл цы æрымысыдаид, кæуыл цы, алкæй хъуыддаджы дæр йæхи тъыста. Хæдзармæ æрбафтыд, уæд йæ дзуринæгтæн кæрон никуы зынди. Гæбулийы бинойнаг Маройы та кæйттæм æмæ дзурынтæм не ’вдæлд йæ цæрæнбонты дæр хæдзары змæлдтытæй. Æмæ гъа, ныууадз дæ ахсджиаг зылдтытæ æмæ уыцы гæркъæраджы æнæкæрон хабæрттæм хъус, фæнда дæ, ма фæнда, уæддæр. Гæбули райдианты ницы дзырдта, кæд сæ æнцой ныууадзид йæхи зондæй, зæгъгæ. Куыннæ стæй! Куы райсомæй сихормæ фæбадтаид хæдзары искæй кæйттæгæнгæ, куы сихорæй изæрмæ. Маро дзы бæргæ быныфæлмæцыд скодта, фæлæ марадз æмæ дæ сыхаджы дæ хæдзарæй дæр куыд хъуамæ арвитай, йæхи зонды куы нæ æрцæуа, уæд. Арвит æй, æмæ дæ æгас комбæстыл дæр койаг фæкæндзæн. Гæбулийæн дæр йæ маст бæргæ æхсыстис, фæлæ уымæн та бынтон æнаив уыдаид сылгоймагмæ исты сдзурын. Сырдоны ном хуымæтæджы не сбадт Гæбулийыл суанг йæ æрыгон бонты. Хъуыды кæнын байдыдта, цы хуызы фервæзтæ уа ацы æнамонд сылгоймагæй, зæгъгæ. Æмæ æппынфæстаг æрхъуыды кодта. Иу ахæмы та сæм сыхæгты ус куы бафтыд æмæ æнæкæрон ныхасыл куы схæцыди, уæд Гæбули уыцы мыррытхуызæй уаты фæмидæг, сыхаджы цыма уæвгæ дæр нæ уыны, уыйау Маройы цонгыл фæхæцыд æмæ йæ сынтæджы ’рдæм басхуыста: — Рæвдздæр, рæвдздæр дæ дзаумæттæ фелвас, усай! Сыхæгты усæн фыр диссагæй йæ цæстытæ куыннæ рабырыдаиккой, Гæбули æмæ Маройы хуыссæныл хъуырдухæнгæнгæ куы федта, уæд; йæ цæсгом амбæрзта æмæ феддæдуар: — Тобæ, хуыцау! Мæнæ бæстыл æфсарм куыннæуал ис. Уæдæй фæстæмæ сæ къæсæрæй никуал бахызт. Уыцы хабар Гæбулийы зæрдыл куы æрбалæууыд, уæд йæ рихиты бын мидбылты бахудт. Фæлæ уайтагъд æрæнкъард — ахæм фыдуаг митæн æгæр фæзæронд...
Уынджы иу змæлæг никæцæй зыны. Хуры судзгæ тынтæй алчи аууонмæ байста йæхи.Æрмæст Гæбулийы сæрмæ бæласы къалиутыл сырддонцъиутæ цыдæр нæ байуæрстой æмæ хыл кæнынц кæрæдзиимæ, сæ мæсты цъыбар-цъыбур, базырты пæр-пæр хъуысы. Гæбули кæм бады, уымæй чысыл дæлдæр, суадон кæуылты згъоры, уым малгонды сæ фæрстыл хуыссынц къамбецтæ. Бæласæнцой бадгæйæ куыд æрфынæй Гæбули, уый нæ бамбæрста. Чидæр æм цыма йæ номæй сдзырдта, афтæ йæм фæкаст æмæ фестъæлфыд, алырдæм афæлгæсыд. Цæмæдæр гæсгæ йæ сæры мæсчъытæ фæйнæрдæм тонынц. «Цы хабар уа? Кæд мæм, мыййаг, Барастыр йæхимæ сиды. Нæ, нæ, нырма мын афон нæма у. Нырма мын бирæ кæнинæгтæ ис. — Йæхæдæг дæр æй зоны, æнæпайда зæрдæвæрæнтæ кæй сты, уый. — Дæхи сайыс, мæнæй уый, æндæр дын цавæр кæнинæгтæ ис? Цот? Æмæ, табу хуыцауæн, дæ цот раджы куы фесты конд. Суанг ма уыдоны цот дæр. Æви цæрынхъуаг дæ? Базæронд дæ, базæронд, мæнæй уый æмæ йыл басæтт. Аивгъуыдтой дæ æрыгон бонтæ... Куыд æрыгон уыдыстæм, æвæдза, Сандыримæ колхозтæ куы арæзтам, уæд». — Мысинæгты къуыбылойæ иу æндахыл фæхæст Гæбулийы хъуыды æмæ йæ халын райдыдта. Уый уыди æнæхъæн комы фыццаг колхоз. Колхоз, зæгъгæ, æрмæст дыууæ хæдзары — Сандыр æмæ Гæбули. Сæ дыууæ дæр коммунисттæ, фендджын адæм. Цы нæ хуызы архайдтой, цæмæй зæрдæ не ’вæрдтой адæмæн, уæддæр колхозмæ ничи разы кодта. Стæй куыд хъуамæ сразы уыдаиккой — уæззау фыдæбæттæй дæ къухы цы ис, цы бон бафтыд, уыдон, дам, иумæйаг хæдзармæ бахæсс. Лæгъз ныхасæй куы ницы сæ къухты бафтыд, уæд æртхъирæнтæм дæр бавнæлдтой. Фæлæ сыл иу ахæмы талынг къуымы афтæ абырыдысты фæсивæд, æмæ сæ æнæхъæн къуыри сæ хъæдгæмттæм зилын бахъуыд. Боныфæстагыл хъуыддаг уымæ æрцыд, æмæ Сандырьгйæ бинойнаг йæ хæдзармæ дæр нал уагъта. Иуырдæм дæр куы нал рæстмæ кодтой, уæд Гæбули скарста: хинæй куы нæ рацæуон, уæд никуы æмæ ницы. Хохæгтæм сæ къам исынæй кадджындæр ницы уыд. Фæлæ къамисæгмæ та Дзæуджыхъæумæ цы фæцæуай, æндæр æй æввахсдæр никуы ссардзынæ. Цалдæр азы иу хатт кæд йæхи зонДæй рабалц кæна фæсвæд хъæутæм, уæд хорз. Уымæ гæсгæ къамтæ дæр мæнæ-мæнæ арæх нæ уыдысты хохаг хæдзæртты. Гæбули бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ сфæнд кодта йæ хъæуккæгты къам исыны фæрцы колхозмæ æрбасайын. Кæддæр йæ сыхаг Тубули Америкæй куы æрбацыд, уæд кæй æрбаласта æмæ æппынфæстаг Гæбулимæ чи æрбафтыд, уыцы чырынгондæн æртæ къахы сарæзта фæйнæджы нарæг уадздзагæй, сау хъæдабæйы гæбаз ссардта. Тубулимæ бацыд æмæ дзы йæ кæддæры «балб» — электрон цырагъ ракуырдта. Афтæмæй йæ «къамисæн» куы срæвдз, уæд Сандыримæ дуканийы къулыл баныхæстой тетрады дывæр сыф. Зылын-мылын дамгъæтæй йыл фыст уыдис: «Зæрдиаг салам колхоз «Æрæфы»
ног уæнгтæн. Алы колхозоны къам дæр ныхæст æрцæудзæн Кады фæйнæгыл». Гæххæтты цур æфсæрмхуызæй лæууыд Сандыр, комкоммæ бакæсын никæмæ уæндыд. Уый хыгъд Гæбули та райдзастхуызæй йæхи архайæг скодта «къамисæнимæ». Хъус-хъус уайтагъд хабар æнæхъæн хъæуыл айхъуыст. Æппæты разæй сæ цуры æрбалæууыд тъæпæнæджы хуызæн дæлæмæдзыд æмæ сæвджынтæ Батыраз. — Хъус-ма, Гæбули, мæ бинонтимæ мын мæ къам куы сисис, уæд дын уыцы хорз никуы ферох кæнин, — лæгъстæхуызæй загъта Батыраз. — Къам сисынæй æнцондæр та цы ис. Фæлæ цыма колхозы уæнг нæ дæ... — Цæй колхозы уæнг дæн! Цы хъуыддаг ис мæн колхозы? Мæ къам мын сис æмæ дын далыс дæ кæртмæ батæрдзынæн тæккæ абон. — Далыс дæр хорз, у бæргæ, фæлæ колхозы уæнг чи нæу, уыдоны къам исыны бар мын нæй. Уынаффæ суанг Дзæуджыхъæуæй æрцыд. Колхозы уæнгтæн та сæ къамтæ горæты стырдæр фæзы бакæндзысты, адæм сæ иууылдæр куыд уыной, афтæ. Рацыд иу бон, дыууæ, æртæ... Колхозы уæнгтæ фынддæс баисты, Гæбули æмæ Сандыры дæр куы нымайæм, уæд. Тæккæ мæгуырдæр зæхкусджытæ. Райдайынæн та уыдон дæр фаг уыдысты. Кæд Гæбулийы хин уайтагъд рабæрæг æмæ, къамыл йæ зæрдæ чи дардта, уыдон фæфыдæнхъæл сты, уæддæр æм мæсты ничи ссис, худгæ йыл цы фæкодтой, æндæр. «Сæрæн та куыннæ уыдтæн, æвæдза», — йæ рихиты бын бахудт Гæбули. Зæронд ногæй уынджы дæллаг кæроныл йæ цæст ахаста. Æппынфæстаг дзы разынд, абонсарæй кæмæ æнхъæлмæ касти, уый— йæ фырты фырты чызг, дыууæ æмæ ссæдзаздзыд Мæдинæ. Чызг нырма ацы аз фæцис университет, ахуыргæнæгæй кусын райдыдта астæуккаг скъолайы. Хъæубæсты фæсивæд æй иууылдæр сусæг уарзтæй уарзынц. Æмæ бауарзинаг дæр у — рæсугъд, гуырвидауц. «Мæхи æнгæс у бынтондæр, — ахъуыды кодта Гæбули. — Æрмæст ма йæ фындз, æвæццæгæн, йæ мады ’рвадæлтæй фæцис». — Дæ бон хорз, дада, — салам радта Мæдинæ. Чызджы къахдзæфтæ сты рог, цæугæ нæ, фæлæ цыма уæлдæфы ленк кæны, уыйау. Йæ къухы чысылгомау сæрак хызын, йæ дæлармы та тетрæдты æнæхъæн æргъом. Чызг бандоны раз æрлæууыд æмæ цъæх-цъæхид арвмæ скаст. — Цæй диссаджы бон скодта, дада. Зæронд лæджы раз æрбадт Мæдинæ æмæ йæ къæхтæ кæрæдзийыл æвæрдæй размæ адаргъ кодта цъилзæвæт туфлиты. — Фæкæлынæй дæр нæ тæрсыс, фæкæлынæй, ахæм цыргъ зæвæттимæ? — хъуыр-хъуыр кæны Гæбули.
Фæлæ йæ Мæдинæ хъусгæ дæр нæ кæны. Абон фыццаг хатт ацыд кусынмæ æмæ йæм бирæ дзуринæгтæ ис. — Ахуыргæнæджы куыстæй кадджындæр ницы ис, зæгъгæ, нын куы дзырдтой институты, уæд мæм уыдон айдагъ дзыхы ныхæстæ кастысты. Æнхъæлдтон, сайгæ нæ кæнынц, нæ дæсныйадыл цæмæй ма сыстырзæрдæ уæм, уый тыххæй. Ныр та... Мæхæдæг æй бамбæрстон... Хъусыс мæм æви нæ, дада? Гæбули йæ сæры базмæлдæй бамбарын кодта, ома, хъусын. — Æцæгдæр ахуыргæнæджы куыстæй хуыздæр ницы ис, — дзуры дарддæр Мæдинæ. — Сывæллæттæн цы амоныс, цытæ сын дзурыс, уыдæттæй сæ бирæ цыдæртæ цард-цæрæнбонты дæр нæ ферох уыдзысты. Историйы урок мын уыд æмæ сывæллæттæн радзырдтон астæуккаг æнусты цæрæг аланты—ирон адæмы рагфыдæлты тыххæй. Куыд зæрдиагæй мæм хъуыстой, уый куы федтаис, дада! Сыбыртт никæй дзыхæй схауд урокæн йæ райдайæнæй йæ кæронмæ. Фыдуаг митæ цыма уæвгæ дæр нæ зонынц, уыйау,—ныххудт Мæдинæ, йæ цъилзæвæтæй зæххыл цыдæртæ 'НЫВ кæнгæйæ. — Астæуккаг æнусты аланты тыххæй, зæгъыс? — йæхинымæр æндæр цæуылдæрты хъуыды кæны, афтæмæй йæ афарста Гæбули. — Уæдæ! Радзырдтон алцы дæр аланты тыххæй — цæугæ цард куыд кодтой, фосдарыны куыст куыд кодтой, хæстон къуыддагмæ куыд дæсны уыдысты. Нарты кадджытæй бирæ цыдæртæ аланты цард æвдисынц... Рагон æгъдæутты тыххæй дæр нæм рауад ныхас. Туг,исыны тыххæй, чызг скъæфыны тыххæй... — Æмæ уыдон астæуккаг æнусты æгъдæуттæ сты, мыййаг? — Кæцытæ? — Туг исыны кой нæ кæндзыстæм, фæлæ чызг скъæфыны тыххæй зæгъын. — Уæдæ циу! Чызг скъæфыны хъæддаг æгъдауæн нырыккон царды хъуамæ æппындæр бынат ма уа. — Цы? Цы? Цы? Ау, æмæ йæ нæ зоныс, æз дæр нæ зæронды скъæфгæ кæй акодтон, уый? Æмæ афтæ раджы дæр нæ уыд хабар. Уæдæ дæхи мад дæр скъæфт куы у, уæд дзы хъæддагæй цы раиртæстан? Дæ мады ’рвадæлтæ сæ чызджы нæ лæвæрдтой, æмæ уæд дæ фыд дæр баминæвар кодта, тæккæ ацы æхсæв мемæ куы нæ бабадай поезды æмæ Астæуккаг Азийы куы нæ балæууæм, уæд цард-цæрæнбон дæ фыды къонайыл баззайдзынæ, зæгъгæ. Ничи йæм хъусы, хъæддаг æгъдау, дам... — Æмæ Ташкенты дæр уымæ гæсгæ райгуырдтæн? — Уæдæ! Мæдинæ иу цасдæр ницуал сдзырдта, йæ былтæ æхсынгæ фæбадт, стæй загъта: — Папайы тыххæй бæлвырдæй нæ зонын, фæлæ ды рагон æгъдæуттыл фидар кæй хæцыс, уый уынын, æмæ сафинаг дæ. Зæоондмæ хинæйдзаг каст бакодта цæстызулæй æмæ йæ хъуырыл ныттыхстис.
— Хъазгæ кæнын, дада. Мæ ныхæстæ дæ зæрдæмæ хæстæг ма ис. Фæлæ чызг скъæфын æцæгдæр æнæфенд æгъдау у. Хæринаг та нæм цы ис, цымæ, нæ йæ зоныс? Зæронд йæхи тæргайхуызæй равдисынмæ хъавы, фæлæ йыл уый æппындæр нæ фидауы, мидбылхудт йæ цæсгомыл хъазы. — Фысы дзидзайæ лывзæ дзы федтон, кæд ма дзы фæуагътой, уæд. Иунæгæй та аззад Гæбули бандоныл. Иæ хъуыдытæ йын бынтондæр сæмтъеры кодтой кæстæртæ. Ничи сæм кæсы! Царды мидæг мæхæдæг цытæ бавзæрстон, уыдон Аланмæ аргъæуттæ кæсынц, Мæдинæ та мæ рагон æгъдæутты æгъдæнцой схуыдта, къуылымпыйы хос йеддæмæ, дам, ницуал дæ ацы дунейыл. Фæлæуу, æз дын сафинаг æгъдау циу, уый куы нæ фенын кæнон дæхи цæстæй, — бартхъирæн кодта Мæдинæмæ зæронд йæхинымæр. Гæбулийы зæрдыл æцбалæууыд, Мæдинæйы мады цалдæр хатты дуканийы раз æрыгон тракторист Зауыры мад куыд æрурæдта, уый, дызæгъ-мызæгъы йын бам«барын кодта, Мæдинæ йæ зæрдæмæ куыд тынг цæуы. Зауырмæ, дæр, дам, Гæ кой арæх рауайы. Æмæ цы? Зауыр æнаипп лæппу у, æфсармджын, уæдæ йæ бакаст дæр лæджы аргъ у — къабазджын, фæтæнуæхск, домбай; куысты дæр æм -уайдзæф никуы æрхауд, æппæлгæ дзы цы ракæнынц, æндæр. Дзинагъайы чызджытæй йæ кæцы нæ уыны йæ фынты, ахæм иу дæр нæй, æрмæст дзы Зауыры зæрдæ кæмæ æхсайы, уый бæрæг нæу. Иу ахæмы Мæдинæйæн йæ мад бакой кодта: — Цы дзæбæх лæппу у, æвæдза, Зауыр. Æппындæр зивæг ницæмæ зоны. Фарон фæззæджы йын куыддæр загътон, зымæгмæ æнæ сугæй куы баззайæм, уымæй тæрсын, зæгъгæ, уæд дын æнæ хъыпп æнæ сыппæй æнæхъæн тракторы гуыффæ нæ кæрты куы æрбалæууын кæнид замманай Фатхъæд. Суари райсын дæр нæ бакуымдта. Зæгъын, тæхудиаг, уый кæй сиахс уыдзæн... Мæдинæ ныппыррыкк ласта: — З-ауырæй зæгъыс, æви? Æниу мыл æнæмойы зарджытæ куы скæниккой! Цыдæр талынг адæймаг у. Нæ, мамæ, кой дæр мын æй мауал скæн... «Фæлæуу, Мæдинæ, бæрæг дæм уыдзæн, — бартхъирæн кодта Гæбули, мады æмæ чызджы ныхæстæ йæ зæрдыл куы æрбалæууыдысты, уæд. — Кæд цыфæнды рæсугъд æмæ ахуыргонд дæг уæддæр дæм, цард цы у, уый нæма бахъардта. Æгæр бæрзæндты тæхыс, адæймаг та хъуамæ йæ дыууæ къахæй дæр зæххыл лæууа. Цы æнхъæл дæ ды Зауырæн? Зауыры хуызæн гуырдтæ пæм фылдæр куы уаид. Йæ зæвæты аргъ дæр чи нæ у, уыдон горæтаг хойраджы хъæстæ куы фæвæййынц, уæд сæ хъæумæ сæ къах фæстæмæ нал фæхæссы. Ничи йæм кæсы, ацы сæныкмæ йæ цъилзæвæт дзабыртимæ». Гæбули цы сфæнд кæна, уый дардмæ æргъæвын нæ уарзы. Сындæггай сыстад бандонæй, лулæ йæ уæлгуыры дзыппы сæвæрдта æмæ колхозы хуымты ’рдæм араст. Бирæ агурын æй нæ
бахъуыди трактор, дардмæ йæ ауыдта хуымы иу кæронæй иннæмæ зилгæ. Трактор цы ауæдзыл æрбацыд, раст уым йæ тæккæ размæ æрлæууыд Гæбули. Зауыр зæронд лæгæй дыууæ санчъехы раздæр æрурæдта, тракторæй æргæпп ласта æмæ дисгæнгæ йæ размæ бацыд. Гæбули йын къухæй ацамыдта, мотор ахуыссын кæн, науæд ницы хъусын, зæгъгæ. — Цы кусыс, Зауыр? — Нæ йæ уыныс, — мæнæ хуым кæнын. — Хуым, зæгъыс? — Уæдæ! — Хуым кæнын дæр куыннæ хъæуы, фæлæ дæм æнæуый та цавæр фæндтæ ис? Зæронды ныхас кæцырдæм у, ууыл фæгуырысхо Зауыр æмæ йæм цымыдисæй кæсы. Стæй загъта: — Кæд, мыййаг, хъæуæй ардæм бафæлладтæ? Тракторы куы бабадиккам, уый дæ нæ фæнды? Гæбули схызт трактормæ æмæ фæлмæн бандоныл йæхи æруагъта, здухæнтæм, къæпсыртæм æдзынæг кæсы. — Дæу фæрсын — цавæр фæндтæ дæм ис? Лæппу æфсæрмхуызæй иуварс азылд. — Мæ-гъа, куыд дын зæгъон, нæ зонын. Бинонты хъуыддаг бакæныны афон дæр у. — Æмæ цардæмбайлаг равзæрстай? — Æвзаргæ бæргæ ракодтон, фæлæ нæ зонын, исты дзы рауайа. Хъалгомау чызг æй хонынц. — Хъалгомау, и? Мыггагæй та кæмæй у? Нæ, зæгъгæ, йæ сæр батылдта лæппу, йæ сусæгдзинад раргом кæнын æй ницы хуызы фæнды. Фæлæ йæ Гæбули дæр ууыл кæм уадзы. — Зæгъ æй, лæппу, æфсæрмыйагæй дзы ницы ис. Куы нæ йæ зæгъай, уæд фæсмойнагæй кæй баззайдзынæ, уый зонгæ кæн. Хъуамæ йæ æмбарай, хæдзары мидæг мæ ныхас æдзухдæр йæ бынаты кæй ис, уый. Гъе уæдæ йæ зонгæ кæн — Мæдинæ дæ къухы бафтдзæн æви нæ, уый мæнæй аразгæ у. Зауырæн фыр æфсæрмæй йæ цæсгом сырххъулон афæлдæхт, йæ цырыхъхъыты фындзтæ йеддæмæ ницуал уыны. Тыгъд быдыры цыма сæ ныхас искæмæ куы фехъуыса, уымæй лæрсы Гæбули, уыйау йæ алфамблай афæлгæсыд, лæппуйы дысмæ бавнæлдта: — Мæнмæ хъус, уый йеддæмæ Мæдинæ дæ амонд разындзæн. Ахуыргæнджытæ иууылдæр гыццыл сæнтдзæф арæзт сты. Мæдинæ дæр афтæ. Цавæрдæр астæуккаг æнусты кой йæм ис, нæ рагфыдæлты тыххæй дзуры, туг исыны æгъдау, дам, сæм уыди, стæй, дам, чызг скъæфыны æгъдау дæр. Уæд дæм уый диссаг нæ кæсы? — Мæ-гъа, — бæзмæлыдысты лæппуйы уæхсчытæ. Зæронды ныхас кæцырдæм у, уый нæма æмбары æмæ йын цы дзуапп хъуамæ радта.
— Диссаг та ма цы вæййы! Сæнтдзæфгомау дзæгъæлы схуыдтон, дæумæ гæсгæ, ахуыргæнджыты. Сæнтдзæф куы нæ уаид, уæд искуы Дæр ма незамантаг æгъдæуттæм бабæлл, чызгскъæфынтæйеддæм. Ссæдзæм æнусы цæрæм, Мæдинæ та астæуккаг æнустæ мысы сæ талынг æгъдæуттимæ. — Ахæмы каст куы нæ кæны... — Бирæ йын æмбарыс! Уыцы цъилзæвæт дзабыртæ дæр, уыцы къæбæлдзыг сæры хъуынтæ дæр фæливæнтæ сты, куыд ничи йыл фæгуырысхо уа, афтæ. Йæ зæрдæйы мидæг цытæ ис, уый та мæнæй хуыздæр ничи зоны. Иу дзырдæй, Зауыр, кæд Мæдинæмæ дæ зæрдæ æхсайы, уæд æй аскъæф, нæ фыдæлтæ куыддæриддæр кодтой, афтæ. — Куыд æй аскъæфон — адæмы æхсæн фæхудинаг уыдзынæн, уæзданæй ракурынмæ йæ ныфс нæ бахаста, зæгъгæ. — Гъемæ кæд аскъæфынмæ дæ ныфс нæ хæссыс, уæд бар дæхи. Мæнмæ зæгъинагæй ницуал ис, — рахизынвæнд скодта Гæбули. Зауыр ын йæ цопгмæ фæлæбурдта: — Æмæ минæвæрттæ куы барвитон, уæд хуыздæр нæ уыдзæни? Кæд мын сæ æгадæй нæ раздахиккой... — Куыд дæм кæсын, афтæмæй дæ зæрдæ æппындæр Мæдинæмæ не ’хсайы. — Куыннæма æхсайы! — зæрондæй дæр нал фефсæрмы, афтæмæй æнæбары сирвæзт Зауырæй. — Уæдæ мауал фæстиат кæн, науæд æмбисондæн куы баззад: хъавæгæй æвзидæг фæраздæр. Мæ цæст дын æй кæй уарзы, уый зон: Мæдинæты уат ис уæладзыджы. Дарддæр дæ хъару æмæ дæхæдæг. «Гъы, ничи сæм кæсы: талынг æмæ æнæфендыл банымадтой Гæбулийы, — йæхицæй ныббузныг зæронд. — Æгæр батагъд кодтат Гæбулийы фæсдуармæ аппарыныл». Къуыоийы фæстæ зæроидæн йæ боны зылдтытæ куы ахицæн сты, уæд фæсахсæвæр йæ фæлмæн сынтæджы йæхи æруагъта. Фаллаг уатæй йæм хъуысы гæххæтты сыбар-сыбур: Мæдинæ ахуырдзауты фысгæ куыстытæ бæрæг кæны. Рæстæггай куы арф ныуулæфы, куы йæ хъуыр-хъуыр райхъуысы. «Сæ хъуыддаг ацыд скъоладзаутæн: райсом урокты бадыны бæсты æхсæрдзуан афардæг уыдзысты», — уыцы хъуыдыимæ зæрдиаг фыиæй бацис Гæбули. Æмбисæхсæв цыдæр æнахуыр уынæрæй райхъал. «Æнæбайрайгæ фæуат уæ машинæтæй, кæд хохы цъассы дæр адæймагæп æнцой нал ис сæ уынæрæй», — иннæ фарсмæ азылд Гæбули æмæ йæ сæр хъæццулæй бамбæрзта. Раст тæккæ уыцы уысмыл чидæр уаты рудзынг сонтæй фегом кодта. Гæбули йæ хуыссæпы рацæйбадт, хуыснæджы ныййарæгæн пыссидынмæ куыд хъавыд, афтæ йып чидæр йæ дзыхы къæрмæг фæтъыста, сывæллоны нуæрдæгау æй хъæццулы æрбатыхта. Стæй йæ уæд рогæн йæ хъæбысы фел-
вæста æмæ йæ рудзынгæй æддæмæ ралæвæрдта. Машинæйы фæстаг бандоны йæ фæйнæ фарс бабадтысты. Гæбули йæхи суæгъд кæныныл архайы, ныхъхъæр кæнынмæ хъавы, йæ гæндзæхтæ цæгъды, фæлæ йæ афтæ биноныг батыхтой, æмæ йын æппындæр фезмæлæн нæй. Кæм ма ис йæ кæддæры хъару, æндæр сын, лæг циу, уый фенын кæнид, бæргæ. Хинымæр æлгъиты астæуккаг æнусты талынг æгъдæуттæ дæр, сæртæг трактористы дæр, æппæтæй тынгдæр та — йæхи. Мæрдырох ыл бахæцыд æмæ Зауырæн нæ бамбарын кодта, йæхæдæг дæр уæладзыджы уæттæй иуы кæй фæхуыссы. Машинæ гуывгуывгæнгæ фенкъуысыд æмæ кæцырдæм атындзыдтаид, хуыцау йæ зонæг. Кæмдæр доны бын цыма ис, уыйау мынæгæй хъуысы зæрондмæ скъæрджыты ныхас: — Æгæр æнуд æй батыхтам. Афтæмæй нын куы ныххуыдуг уа. Райхалын æй хъæуы, уæддæр талынджы нæ равзардзæн, кæдæм æй ласæм, уый. — Ацы хъуырдухæнты фæстæ дæ йе сæфт фендзæни, Зауыр. — Æмæ мæн аххос у, мыййаг? Гæбули мын бацамыдта аскъæфын. Уый махæй хуыздæр æмбары хабæрттæ. Гæбули йæ хъæлæсæй базыдта Зауыры. — Йæхи ма ныццæвæд, æндæр Мæдинæйы рæсугъды хуызæн хабар бирæтыл æрцыд. Исдуг ницы сдзырдтой. Стæй та райхъуыст Зауыры ныхас: — Сымахмæ йæ аласæм, уым æнæгуырысходæр уыдзæн. Æппынфæстаг машинæ æрлæууыд. Зæронды та рогæн йæ хъæбысы фелвæста скъæфджытæй кæцыдæр. Гæбулийы былтыл сæмбæлд хъомдоны зонгæ тæф. Хæстæг кæмдæр ныууасыд фыццаг уасæг æмæ.йын хъæуы алы кæрæттæй алы хъæлæстæй дзуапп радтой. Зæронды хъавгæ райхæлдтой. — Гæбули! — фыр диссагæй йæ цæстытæ рацæйбырыдысты Зауырæн. — Гæбули дарæг мæ мауал баззайæд, гъе уый дын мæ хуыздæр арфæ! Кæд афтæ æнхъæлыс, æмæ чызг аскъæфынмæ чи нæ арæхсы, ахæм сиахс мæн æхсызгон хъæуы, уæд тынг рæдийыс, лæппу. Рæстытæ дзырдта Мæдинæ. Талынг адæймаг дæ бынтондæр, куыд дæм кæсын, афтæмæй. Мæн та кæцæй раластай, уым мæ фæстæмæ сæмбæлын кæн. Рæвдз! Зауырыл дуне куыннæ батар уыдаид. Рацыд афæдз æмæ æрдæгæй фылдæр. Уалдзыгон хуры хъарм тынтæй йæхи тавы Гæбули. Йæ рахиз къухы лулæ, рæстæггай йæ йæ былтæм схæссы æмæ адджын пъæоттытæ скæны. Галиу къухæй та узы сабийы рог уæрдонгонд. Йæ къæхтæ æмæ къухтæ æнæнцойæ тилгæ дзы хуыссы цалдæрмæйдзыд лæппу. Зæронд æм хатгай æргуыбыр кæны æмæ йын цыдæртæ дзуры. Куыд æй бамбæрстат, афтæмæй сывæллон Зауыры фырт у. Мæдинæ йæ цæгат абæрæг кодта, æмæ сабийы дада цух нал суагъта, кæсынтæй йæм не ’фсæды.
Зауыры чызгыскъæфт æгас комбæстыл куыннæ айхъуыстаид, æмæ адæмæн æмбисондæн баззад. Мæдинæ уымæй размæ дæр кæд уæлæмæ ницы дзырдта, уæддæр йæхи зæрдæмæ дæр тынг цыди Зауыр. Хъуыддаг сæнтысыны ныхмæ уыд æрмæст иунæг адæймаг. Фæлæ уый дæр минæвæрттæ æртасын кодтой. Хæрæфыртыл Гæбули ном куы сæвæрдтой, уæд та йæ зæрдæ бынтон æрфæлмæн. НОМЫ КУЫВД Фæнда дæ, нæ фæнда, уæддæр Дыгургомæн хæрзбон зæгъын бахъæудзæн: мæ фæлладуадзæн рæстæджы æмгъуыд ахицæн. Мæ фысымтимæ кæрæдзийæн мæлæты адджын разындыстæм. Цæуыны кой куы скодтон, уæд бинонтæ æрæнкъард сты. Мæхи дæр бæргæ нæ фæнды, фæлæ цы гæнæн ис. Бынтон хъыг та Æмзорæн у. Уыцы хъуынтъызæй зилы кæрты къуымты, хъæуа-нæ хъæуа загъд кæны Лизæимæ. Йæ бустæтæй мæнмæ дæр куыннæ æрхаудаид. — Цæй тагъд афæлмæцыдтæ хохаг цардæй? Уæвгæ, нæхи фæсивæд быдырмæ куы тырныц, уæд дæуæй цы бадомдæуа. Æнцондæр кæм у, уырдæм бæллы алчи. Горæтмæ, горæтмæ, мардзæ! Дæ уазæгдон цæлгæнæны æмкъул... — йæ къух уыцц æлгъагæй ауыгъта. — Æз та дын хуыздæр адæймаг æнхъæлдтон. — Амал мын куы уаид, уæд...—райдыдтон мæхи рæстытæ кæнын. Куыннæ стæй — хъусгæ дæр мæм нæ кæны. — Фæндараст фæу! Ничи дæ уромы. Фæндараст! Фæлæ уæддæр раст кæй нæ дæ, уый зон... Уыцы уайдзæфты Фæстæ бон-изæрмæ йæ дзыхæй ныхас нал схауд. Дыккаг бон постмæ ацыд æмæ цалдæр ранмæ телеграммæтæ радта. — Цы та йæ зæрды æрæфтыдаид цымæ? — хъуыр-хъуыр кæны Лизæ. Æртыккаг бон Æмзор йæ фыртмæ фæсидт: — Хъазыбег, мотоцикл ратæр æмæ нæ хæстæджытыл се ’ппæтыл дæр æрзил. Зæгъ сын: сабаты нæм куывд уыдзæн, æмæ куыд сæмбæлат, афтæ. — Цавæр куывд? — ныддис лæппу. — Дæ уынаффæ нæу! Æз дын цы загътон, уый бакæн. Хъазыбегæн дæр ма цы гæнæн ис, мотоциклыл бабадт æмæ хонæг æрзылди. Сабаты сæумæдæвдæгæй кæрты дуары хъинц фæцыди. Лизæ ракаст æмæ цины хъæр ныккодта: — Мæ хъæбул! Кæртмæ æрбахызт æрыгон бинонты къорд. Мæ фысымты хистæр фырт Георгийы кой бирæ хæттыты фехъуыстон Æмзорæй
дæр æмæ Лизæйæ дæр. Цæры Ташкенты, кусы узбекаг богæлтты тренерæй. Йæ бинойнаг хуыйны Заремæ. Ис сын дыууæ æнахъом фырты — Алан æмæ Сослан. Ныр цал сты, уалæй æрбахæццæ сты. — Ех-х, нана, нæхимæйæн дзы æмбал нæй æппындæр! — йæ къабæзтæ парахат ивазгæйæ ныхъхъæбысæввонгæй æрбацыд Георгий йæ мадмæ. — Мæ къодах кæд фале ис, уæддæр мæ зæрдæ ,ам вæййы æдзух. — Мæнæн дæр! — æмбонды сæрты æрбакаст пыхцылсæр чызг. — Нинæ! — цины хъыллистгæнгæ йæ хойы размæ ратахт Зæлинæ. Нинæ Мæскуыйы ахуыр кæны, философон факультеты. Зæлинæ цымыдисæй кæсы йæ хойы къабамæ, цъилзæвæт туфлитæм æмæ уæхскылдаргæ хызынмæ. Нинæ та Зæлинæйæ нал исы йæ цæстытæ: — Гъер цы хуызон дæ, бакæс-ма дæхимæ! Фыццаджы-фыццагдæр дын дæ дзыкку акъуырдзынæн, уыцы æвидауцæй дæ куыд нал уынон, афтæ. — Уæдæ-ма йын бавнад йæ дзыккумæ! — амонæн æнгуылдзæй Нинæмæ бадодой кодта мад.—Уæ дыууæйы сæртæ дæр Хъазыбегæн ныддасын кæнин бындзарæй. Аходæныл куы æрбадтыстæм, уæд фæзынд ноджыдæр ма иу уазæг. — Олег! — йæ размæ разгъордта Лизæ. — Дæуæй æввахсдæр дзы куы ничи ис, æмæ се ’ппæты фæстæ куы æрбахæццæ дæ. Георгийæн йæ къухы ногдыгъд æхсыры агуывзæ, афтæмæй мидбылхудгæйæ кæсы йæ хæд кæстæрмæ: — Куыд у, мæ лымæн? Зындоны ног хабарæй цы хъуысы? — Цæй ног хабар дзы ис уым та? — хъазæн дзуапп ын дæтты Олег дæр. — Хæйрæджытæ иууылдæр сæ бынаты сты. Æз дæр ма сыл бафтыдтæн. Хуыцау дæ бахизæд сæ дзæмбытæм бахауынæй. Олег хæххон инженео у, институт каст фæцис æмæ нырма ацы аз райдыдта кусын Садоны æрзæткъахæнты. Хæдзар иууылдæр хъæлдзæг хъæлæба ссис, бинонтæ се ’ппæт иумæ рагæй афтæ нал бакъорд сты æмæ ныр кæрæдзийыл циптæ кæнынц. Лизæйыл базыртæ разад, кæуыл тынгдæр баузæла йæ цотæй, уый нал зоны, цы хуыздæр хойраг æрæвæра фынгыл, уый йæ сæр нал ахсы. Иуырдæм цæуа, иннæрдæм — йæ хъæбулы цоты æрбахъæбыс кæны, йæ къух сыл рæвдаугæ æрхæссы. Уæдмæ æрбахæццæ сты дыууæ рæстæмбис кары сылгоймаджы, Æмзоры хотæ — Разиат æмæ Сафиат, сæ къухы чъирихæссæн тæбæгътæ урс-урсид хæцъилæй бастæй. Кæрæдзийы цæрмыстыгъд бакодтой. Сæ фæдыл æрбахызтысты сæ лæгтæ дæр уæззау хуындзау хызынтимæ. Сыхæгты сылгоймæгтæ — куывды æфсинтæ уыцы æнæвдæлонæй дыууæрдæм кæнынц къæбинæй сæрдыгон хæдзармæ. Кæрт куыдфæстæмæ æмызмæлд ссис. Æмзоры æртыккаг хо Тинæ йæ
лæгимæ куыд æрбахызт, уый уынгтæ дæр нæ фæкодтон. «Райсомæй нырмæ æртæ хылы фесты æмæ æртæ хатты бафидыдтой», — мæ хъусы мын æрбадзырдта Лизæ. Мæнæ ныр дæр та кæрæдзимæ кæй уайсадынц, уый бæрæг у. Дзинагъайæ æрбахæццæ сты Æмзоры æфсымæртæ — Роман, Назир, Мурат. Хотæ сæ размæ æппæты разæй рауадысты цъыб арцъыбургæнгæ. Кæрт æнæхъæнæй æмдзолгъо ссис. Бинонтæй кæцы у, къабæзтæй кæцы у, хионтæй кæцы у, сыхæгтæй кæцы у, уымæн равзарæн нал ис. Куыд мын æмбарын кæнынц, афтæмæй иууылдæр хæстæджытæ сты. Фæндырдзæгъдæг сылгоймаджы æрбахуыдтой фаллаг сыхæй. Райдианты йæхи ныббуц кодта, цыма йæ фæндырмæ бавналын дæр нæ фæнды, цыма уымæй стырдæр фыдæбонæн уæвæн нæй, уыйау. Стæй йын уæд йæ тæнтæ айвæзта æмæ диссаджы зæлтæ йеддæмæ ницуал хъуысы кæрты мидæг — нæдæр адæмы ныхас, нæдæр сæ худын. Лæппутæ æрбакъорд сты æмæ фæндыры цагъдмæ хъырнынц. Уалынмæ нæлгоймаг фæсивæд сывæллонæй зæронды онг кæрты фаллаг къуымы амбырд сты. Хъазыбег хъæбысæй никуы хæцыд, уæддæр къахæн ныхас æппары Георгимæ, мæстæй йæ мары, рахæцæм, зæгъгæ. — Æнцад лæуу, хъуымызбыл, науæд дæ мæкъуыстæг куы асæтта, уæд хорзау нал уыдзынæ,—дзуапп ын дæтты Георгий. Кæстæр йæ бон нæ зоны уæддæр, æмæ Георгийæн æндæр гæнæн нал ис, йæ бынат ын бацамонын хъæуы, æмæ æнæхъуаджы дзырдæппарæн кæд нал кæнид. Йæ бакастæй бæрæг у Хъазыбегæн, стыр хъаруйы хицау кæй у, уый, æнцонты йæ нæ абырсдзæн хистæр æфсымæр. Дыууæ æфсымæры æрлæууыдысты ныхæй-ныхмæ. Алырдыгæй сæ кæрæдзийыл ардауынц: — Чи рамбула, уый мæ богал! Цалдæр сайæн æвзысты фæкодта Георгий йæ кæстæрмæ, фæлæ уымæн фæтæрсын йæ хъуыдыйы кæрон дæр нæй. Æппынфæстаг кæрæдзимæ фæлæбурдтой. Фæлтæрдджын Георгийæн йæ февнæлд у дæсныдæр, æмхуызон рæвдз архайы къæхтæй дæр æмæ къухтæй дæр. Уый хыгъд Хъазыбег бæрæг цырддæр у. Хъазыбеджы къахыл фæхæст Георгий, фæлæ уый йæ мидбынаты цъилау ныззылд æмæ йæхи феуæгъд кодта. Дыууæйæн дæр сæ лæф-лæф цæуын байдыдта. Сæ февнæлд æмæ змæлдыл цæст нæ хæцы, афтæ рæвдз кæнынц. Æнæнхъæлæджы Хъазыбег йæ хистæры йæ уæнтыл авæрдта. Адæм ныххудтысты. Хъазыбег йæ къух æрдардта Георгимæ æмæ йæ уыциу риуыгъдæй йæ къæхтыл алæууын кодта. Йæхæдæг цыма æппындæр ницы уыд, уый хуызæн æддæдæр акъахдзæф кодта æмæ йæ рыгтæ цæгъдыныл фæцис. — Уадз æмæ йæхицæй æппæла, чемпионы абырстон, зæгъгæ, — йæ рыгтæ цæгъды Георгий дæр. — Кæстæры хатыр ын фæ-
уæд... Исты сахъат æй куы фæкæнон, уымæй йып фæтарстæн, æндæр... — Цæй, цæй, дæхи мауал рæстытæ кæн! — Ахицæн сты, ахицæн, дæ хæцæн рæстæджытæ, æмæ йыл басæтт! Алырдыгæй мæстæй марынц Георгийы. Иу къабазджын лæппу йæм бынтон хæстæг бацыд: — Уæд та мæнимæ дæр бавзарис дæ тых? — Кæд бæрзæйæ фидар разынай, уæд, табуафси! Цæсты фæныкъуылдмæ йе уæнтыл куыд фестад, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта хиппæлой лæппу. Георгий йæм йæ къух æрдардта: — Бахатыр кæн, æфсымæр, афтæ лæмæгъ æнхъæл дын нæ уыдтæн дæ бакастмæ гæсгæ. Хæрзаг загътай, дæуæн дæр Хъазыбеджы хатыр уыдзæн. — Геор, æгъгъæд у хъазынæн, — æрбадзырдта йæм Æмзор.— Марадз, кусартгæнджытæм фæкæс фæлтау. Афонмæ дзидзатæ уæларты раджы хъуамæ уыдаиккой сымах та хъæбысæй хæцут. Сылгоймаг æфсинтæ сæрдыгон хæдзары сæ тæккæ чъиригæнгæ сты. Пецы гуыр-гуырæй судзы арт, хæдзары фæлæууæнтæ нæй æмæ æфсинтæ радгай æддæмæ рауай-рауай кæнынц сулæфынмæ, сæ уадултæ сырх-сырхид афæлдæхтысты. Æнæхъæн рагъ самадтой чъиритæ, къæбицы алыхуызон бæркадæй базмæлæнтæ нал ис. Кæрты дуармæ æрлæууыд кæрдæгхуыз «Москвич». — Табу хуыцауæн, æрхæццæ Тамарæ дæр, — сдзырдта Лизæ. — Афон дæр сын уыди. — Йæ чызгимæ сывæллæттæ йеддæмæ куы ничи разынд, уæд æй афарста: — Нæ цæстытæ уæм куы ныуурс сты. Æмæ Зауыр кæм ис? — ’Нæфæразгæ у, мамæ. Уыцы диссертаци йæ бадомдта бынтондæр, йæ сæр сисынмæ дæр æй не ’вдæлы. Тамарæ уыцы сагъæсхуызæй йæ цыбырæлвыд сæры хъуынтæ армæй асæрфта, йæ цæст ахаста, хойæ, æфсымæрæй, сиахсæй, — иууылдæр ам сты æви нæ, ууыл. Йæ къухы чысыл айдæн февзæрд, йæхимæ бакæстытæ кодта æмæ былахорæн фелвæста. Ногæй та ныццарыдта фæндыр. Фæсивæд кафын райдыдтой. Чызджытæ æмæ лæппутæ дæларм-дæларм бацыдысты. Уыцы уæздан æмæ уæзбынæй, узгæ-узгæ кафынц, афтæмæй ныххал сты. Стæй уæд симджытæй фæхицæн сты дыууæ лæппуйы æмæ дыууæ чызджы. Зиллаччы астæу лæппутæ хæрдмæ хауынц, къахфындзтæ æрсадзынц, уæраг зæххы фæцæвынц æмæ та хæрдмæ фесхъиуынц. Сæ фезмæлдыл цæст нæ хæцы. Цалынмæ дыууæ лæппуйы æзсæрæндæрæй кафынц, уæдмæ чызджытæ æддæдæр æрлæууыдысты, æмдзæгъæд сын кæнынц- — Оц-ца! Гъæйтт! Гъæйтт! — Оц-ца! Гъæйтт! Гъæйтт! Фæллад та куыд нæ зонынц, уый бынтон диссаг у. Сæ къа-
бæзтæ сонт хæрдмæ куы феппарынц, уæд стæхынæввонг цæргæсы хуызæн вæййынц. Фынг срæвдз. Хистæр нæлгоймæгтæ кæрты астæу дæргъæйдæргъмæ стъолы уæлхъус рабадтысты. Фæсивæдæн семæ æрбадыны бар нæй, æмæ кæстæриуæг кæнынц. Сылгоймæгтæн фынг æрцарæзтой уаты. Нæлгоймæгты фынджы уæле бадынц æртæ зæронд лæджы. Уыдон цы зæгъой, æндæр уынаффæ нæй бадты мидæг. Цалдæр гаджидауы фæстæ ныхасы бар радтой хæдзары хицауæн. Æмзор хуынд адæмæн раарфæ кодта: — Хорз адæм, уе ’ппæты цæрæнбон дæр бирæ уæд! Æнæниздзинадæй хуыздæр ницы ис царды мидæг, æмæ кæддæриддæр æнæниз ут. Стыр æхсызгон мын у, мæ хæдзармæ кæй са-ккаг кодтат, уый. Кæддæриддæр кæрæдзимæ æртыгай чъиритæм куыд цæуæм, хуыцау уыцы арфæ ракæнæд. Абон мах ардæм æрæмбырд стæм нæ буц уазæг Евæйæн фæндараст зæгъынмæ. Уæхæдæг æвдисæн — нæ бон цас уыд, уыйас æй бабуц кодтам. Нæ цардæвæрд, не ’гъдæуттæ йæ зæрдæмæ фæцыдысты, нæ фæцыдысты, уымæн та йæхи зæрдæ фæуæд æвдисæн. Нæ уазæг ацæудзæн, мах ам баззайдзыстæм, æмæ кæрæдзиимæ æнæмастæй цæрын нæ бон цæмæй уа, уый зæгъæд иунæг цытджын хуыцау! Мæ фыды фыдæй фехъуыстон иу таурæгъ æмæ уын æй радзурон. КæДДæр, дам, кæсæгты паддзахады уыд иу æрыгон, хиппæлой æмæ хиуарзон балер. Кæсæгты æхсæн йæ цард йæ зæрдæмæ æппындæр нæ цыд. Бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ йæхицæн скарста: цæуон æмæ хуыздæр ранмæ фæцæуон цæрынмæ, амы суадæттæ мын æгæр къуындæг сты. йæ фæнд йæхионтæн куы бамбарын кодта, уæд ын загътой: ма кæ, махæн фаг цы у, уый ды дæр дæхицæн фагыл банымай. Фæлæ сæм нæ байхъуыста æмæ фурды ’рдæм йæ ных сарæзта. Æмæ-ма мын зæгъут, хохаг донæй рæсугдæр дон кæм ссардзынæ? — Никуы! — схор-хор кодтой бадты адæм. — Уæдæ хæхбæстæй сыгъдæгдæр уæлдæф кæцы ран разындзæн? — бафарста та Æмзор. — Никуы! — дзуапп та йын радтой хуынд адæм. Горæтæй чи æрæфтыд, уыдон кæрæдзимæ бакæс-бакæс кæнынц мидбылхудгæ, ома, уыцы аргъæуттæй ныртæккæйы рæстæг никæйуал асайдзынæ, алчидæр фаг зондджын у; кæй аххос уын у, фаг сæрæн кæй не стут æмæ хохы кæй баззадыстут, уый? — Цæуыл у мæ таурæгъы сæр? Куыд æй æмбарут, афтæмæй балер æцæгæлон фурды цæрын нæ бафæрæзта. Стæй куыд хъуамæ бафæрæзтаид, кæд æмæ фурды дон змæст уыди, денджызы дон та — цæхджын. Уæдæ дзы уæлдæф дæр бынтон æндæр уыд. Махмæ та айдагъ дон æмæ уæлдæфæй дæр ис фæцæрæн, — цæсты зулæй горæтаг уазджытæм бакаст Æмзор. — Уæхæдæг æй бамбарут — балер кæсæгты паддзах у, æмæ хæххон доны йеддæмæ йæ бон фæцæрын куыд никуы у, афтæ æцæг хохаг дæр йæхи лæгыл нымайы æрмæст ам, къæдзæхты æмæ цъититы æхсæн. Мæ
ныхас кæд æгæр ныддаргъ, уæддæр уын иу хабар æнæ радзургæ нæй: æвзæр, дам, йæхицæй æмбисонд фæхæссы. КæДДæр, æрыгонæй, æз дæр раст уыцы балерау сæнтдзæф уыдтæН; Хорз æмæ мæ фарсмæ зондамонджытæ разынд, фæрæдийын мæ нæ бауагътой. Фыццаджыдæр мæ фыды тыххæй зæгъын. Уымæй тынгдæр мын ничи бамбарын кодта, хохаг лæгæн хæхбæстæ циу, уый. Георгий дзагдартимæ лæууыд. Хистæртæ йæ куыд нæ бамбарой, афтæ йе ’мбæлттæй иуы хъусы бадзырдта: «Ныр æй бафæрс, мингай километрты фале мæ фæдисы цæй номыл æрбалæууын кодтай, зæгъгæ. Телеграммæйы фыст уыди — тынг тыхст у дæ фыд, кæнæ ма йæ æрбаййафдзынæ, кæнæ нал... Цал æмæ цал хатты асайдта, уæддæр мын сахуырафон нæма у...» — Гаджидау кæронмæ ауадзут, — дзуры дарддæр Æмзор. — æмæ лæмбынæг байхъусут, хабар куыд уыдис, уымæ. * * * — Уыныс? — сæрыстырæй бакаст Æмзор йæ фыдмæ. — Æрмæст æй мæнæ афтæ фæзил, æмæ дзы дон ракæлдзæн. Уый та дын горæт! Дон хæссын дæр дæ нæ хъæуы, цъай къахын дæр. Уыцы сагъæс никæй ис ам, — æмдзæрæны егъау æмæ быгъдæг уаты сзилахар Æмзор. Уаты ницыма дзаума уыд, зыбыты иунæг уæрæх æфсæйнаг сынтæгæй дарддæр. — Дон къæртайæ хæссыны сагъæс мæн никуы уыд, — загъта Сандыр. — Уый сылгоймаджы куыст у рагæй фæстæмæ дæр. Кæмæн æмбæлы, уый йæ хæсдзæни. Сæ хæстæджыты лæппу Темболаты чындзæхсæвмæ сласта Сандыры йæ фырт. Чындзæхсæв ын æфсон уыд, æнæуый та хинымæр йæ зæрдæ дардта, Сапдыр горæтаг удæнцой цардмæ кæд бацыбæл уаид, зæгъгæ. Æмзор куыддæр феддæдуар, афтæ Сандыр æнæууæнкхуызæй кърантмæ бацыд, разылдта йæ, агуывзæ байдзаг кодта æмæ йæ банызта. Зæрдæхæссæн у æмæ зæрдæхæссæн: дон кæд кодта цавæрдæр хосы тæф. Сандыр йæхи æруагъта сынтæгыл æмæ къулы сæрст кæцæй рахауд, уырдæм ныккомкоммæ, цыма дзы цъиу ратæхынмæ æнхъæлмæ каст, уыйау. Æнæзмæлгæйæ дзæвгар фæбадт æмæ йæ хъуыдытæ цæуыл уыдысты, уымæн йæхи бон дæр дзуапп раттып нæ бацадаид. Сахат рацыдаид æви фылдæр, афтæ. Æмзор уыцы хъæлдзæгæй æрбахæццæ кæцæйдæр æмæ дзургæ дæр ницы скодта, фæлæ, Гуарæ чындзæхсæвмæ цы хуын барæвдз кодта — æртæ чъирийы æмæ æртæ фæрсчы, — ууыл йæхи ныццавта. — Цы кусыс уый, дæ цæсгомы цъар дыл æрлæбыра! Чындзæхсæвмæ та ма цы ахæсдзыстæм? Фæлæ Æмзор йæ къух ауыгъта: — Куыд дын æй хуыздæр бамбарын кæнон, нæ зонын, фæлæ никæдæм цæуæм.
— Ау, уый та куыд никæдæм цæуæм? — Нал æй куры Темболат! Сандыры цæсгом фæтар: — Хъæр та цæмæн кæныс, лæппу? Æнæ дæу зæгъгæйæ дæр æй зонын, ныры фæсивæд сæ дзырдæн хицау кæй нал сты, уый, фæлæ-ма мын хабар бæлвырддæр бамбарын кæн. Æви йæ чындзаг искæй фæдыл алыгъд? — Нæ, ахæмæй дзы ницы уыд. Темболатæн бинонты хабар бакæнын йæ фæсонæрхæджы дæр нæй. Мысгæ æркодтон чындзæхсæвы тыххæй. Дыууæйæ дæр ныхъхъус сты. Сандырæн хабар хъыг уыди. Йæ фыртмæ асайын æнхъæлмæ никуы каст. Къулы сæрст кæм рахаудта, уырдæм та ныккомкоммæ ногæй æмæ дзæвгар рæстæг йæ дзыхæй ныхас нал схауд. Æмзор дæр хорзау нал фæцис. — Ау, уый та куыд? — æппынфæстаг арф ныуулæфыд Сандыр.—Хохаг лæгæн гæды ныхас йæ туджы куы нæ ис, уæд искуыдæр ма дæ фыды афæливыныл дæр ма бацауæрд. — Уыдæттæ мын амонын бæргæ нæ хъæуы, — йæхи рæстытæ кæнынмæ фæцис Æмзор. — Фæлæ мæ сайд æнæбары у. Æцæгдзинад дын куы загътаин, уæд ацы хæдзары къæсæрыл дæ къах дæр никуы æрбавæрдтаис... — Лæппу, мæнæ кæм бадæм, уый дæм хæдзарыл нымад у? былысчъилæй бафарста Сандыр. — Æмбæхсгæ мæ кæй кæныс, уыцы æцæгдзинад та куыд хъуамæ бамбарон? — Адæймаджы сдзурын нæ бауадзыс, афтæмæй уайтагъд уайдзæфтæм фæвæййыс, баба. Хæст куы ахицæн, уæдæй нырмæ цал æмæ цал азы рацыд? Æнæхъæн æхсæз. Кæдæм акæсай, уым арæзтад йеддæмæ ницы фендзынæ. Æмæ уæд æз иуварс хъуамæ алæууон? Уæртæ фаллаг уынджы стыр дукани байгом уыдзæн иу-дыууæ мæйу фæстæ. Æмæ мын дзы къæбицы хицауы бынат дæттынц. Куы нæ сæ хъæуин, уæд мын ахæм бынат дæтгæ дæр нæ ракæниккой. Æмбарыс мæ? — Зынтæй. Табу хуыцауæн, хæсты заман мæ ницæмæй фæкъæмдзæстыг кодтай, фæсивæды хуыздæртæ кæдæм ацыдысты, ды дæр уырдæм фæцыдтæ. Ныр та? Хъæугæ нæхимæ хæхбæсты дæр кæныс, колхозы дын сæрдары бынат раттынмæ хъавынц. Стæй дæ бинонтæ, дæ цот та? Уидæгтæ, уидæгтæ... Лæгæн йæ уидæгтæ! — йæ къæхты бынмæ æнгуылдзæй ацамыдта Сандыр. — Ууыл дæр ахъуыды кодтон.Иунæгæй, мыййаг, нæ хъавын горæты æрцæрынмæ. Иууылдæр иумæ уыдзыстæм — ды дæр, нана дæр. Алцыдæр мын нымад у. Раздæр æмдзæрæны ацæрдзыстæм, мæнæ ацы уаты, стæй нын уый фæстæ фатер ратдзысты. Науæд та хæдзар сараздзыстæм... Уæдмæ рæстæгйæхи амондзæн, — Лæппу, дæуæн бао дæхи, фæлæ æз дæр æмæ дæ мад дæр комбæстæй сæнкъуысинаг не стæм, — хъæддыхæй загъта Санцыр. — Баба, æппындæр кæрæдзийы не ’мбарæм. Афтæ æнхъæл ма у, æмæ мæн байуарын фæнды. Ныронг куыд цардыстæм, афтæ
иумæ цæрдзыстæм. Æз дæр ма сымах тыххæй горæтмæ куы тырнын! Уадз æмæ нæ кæстæртæ дзæбæх скъолаты ахуыр кæной„ сымах дæр нанаимæ æдыхстæй ацæрат æнæ суджы, æнæ фосы сагъæсæй. Æз æхцайы куыст кæндзынæн æмæ алцыдæр æлхæндзыстæм. Ам цас æнцондæр цæрæн у, уый куы зонис... — Цыфæнды æнцон æй фæкæнæд хуыцау, уæддæр мæн пицæмæн хъæуы. Дзæнæт куы уа, уæддæр. Суанг фæсæмбисæхсæвтæм ахаста фыд æмæ фырты ныхасу фæлæ сæ иу дæр æмæ иннæ дæр сæттын нæ куымдта. Сандыры æвастæй Æмзор йæ мадимæ æмæ йæ бинойнагимæ, суанг хотимæ æмæ æфсымæртимæ æнæхъæн афæдзы æмбис фæтæрхон кодтой, горæты куыд æрбынатон уыдзысты æмæ цы архайдзысты, ууыл. Дзыхджын—бæхджын. Алырдæм дæр куы бакъуымы кодта Æмзор йæ фыды, уæд ма уымæн дæр иуафонты æнæ сразы уæвгæ цы гæнæн уыд. Æнæбары разы. Сандыры хъæумæ дæр нал ауагъта Æмзор. Цалдæр боны фæстæ хъæуæй ссыдысты бинонтæ иууылдæр. Къус, коппæй сæм цыдæриддæр уыд — семæ сæ сластой. Гуарæ уæд афтæ зæронд нæма уыд, цыдаид ыл дæс æмæ дыууиссæдз азæй чысыл фылдæр. Сандыры сæййæфта æд дзаумæттæ сынтæгыл хуысгæ. Бинонтæй никæуыл бацин кодта. Йæ.бакаст цыдæр ’нæфæразонхуыз, дзыхæй дзурын дæр æм нæ цыд. Гуарæ бахъынцъым кодта, кæд, мыййаг, рынчын у, зæгъгæ. Хинымæр æй гуырысхо дæр æвдæрзта: цымæ æгæр нæ батагъд кодтам хъæуæй ралидзынмæ? Фæлæ йæ ног, горæтаг сагъæстæй йæ хъуыдытæ кæронмæ ахæццæ кæнынмæ нал равдæлд. Æмзорыл тынг йæ зæрдæ дардта: сæрæнгуырд у, алцыдæр ын — бæстон нымад. Уæдæ зæрондæн дæр ницы уыдзæн, — горæтаг цардыл куы фæцалх уа, уæд æй тыххæй дæр нал аласдзынæ хохмæ. — Фæцалх уыдзæн, — зæрдæтæ æвæрдта Гуарæ бинонтæн. Æмзорæн æмдзæрæны цы уат радтой, уый йæм райдианты мæлæты парахат фæкаст. Фæлæ дзы цалдæр сынтæджы, стъол æмæ скъапп куы æрæвæрдтой, уæд дзы фезмæлæн нал уыд. Дыууæ-æртæ адæймаджы фаг ма кæд суыдаид, уæддæр дзы хохаг рæгъау бинонтæ куыд хъуамæ фæцардаиккой. Рæстæг цыд, фæлæ Æмзорæн зæрдæ цы æфтиагджын куыстæй æвæрдтой, уырдæм æй райсыныл ничи тагъд кодта. Æгуыстæй дæр куыд хъуамæ бадтаид æмæ уал вагзалы æвзалыйы вагæттæ æвдæлон кодта. Уалынмæ рацæй-рабæрæг, æмæ къæбицы хицауы бынат æндæрæн радтой. Куыннæ смæсты уыдаид Æмзор мæсты дæр, фæлæ ацу æмæ дæ хъаст кæмæ фæхæсдзынæ. Йæ мызд дæр цастæ уыди, даринæгтæ та бирæ. Уымæй, æнæхайыр фæуа, картоф дæр, дзидзайы комдзаг дæр, хъæдындзы хал дæр, ссады тæпп дæр — иууылдæр æлхæнинаг; марадз æмæ сыл аххæсс. Иу изæр бинонтæ бафынæй сты. Сандырмæ та хуыссæг æмгæрон нæ цыд, йæ сынтæджы рафт-бафт фæкодта. — У-у, цъаммары хъæбыл! Бандоныл æй дæлгоммæ æрфæл-
дах æмæ йын йæ фæлмæнтæй æрчъихор рауадз Æмзорæн, æндæр хос ын нæй, — ныууынæргъыди зæронд. Æмзор йæхæдæг дæр хорзау нал уыди фæстаг рæстæг. Сандыр ын цалдæр хатты бакой кодта, кæцæй ссыдыстæм. уырдæм фæстæмæ фæцæуæм нæ фæд-нæ фæд, зæгъгæ, фæлæ дзы «о» дæр нæ фехъуысти æмæ «нæ» дæр. Хардзау æм æркастаиккой зæронды уайдзæфтæ æви æгадæй æрыздæхын йæ сæрмæ нæ бахаста, чи йын цы зоны, йæхæдæг дæр æй куы нæ æмбæрста, уæд. Зæрондæн йæ сынтæджы хъыс-хъыс райхъуыст, иннæ фарсмæ азылди. А, ныр æрфынæй уа, афтæ оудзгуыты бып расыг цъæхснаг хъæлæс ныццарыдта: «Бирæ дæ уымæн бауарзтон!..» «Ай æррадон куы у, æррадон», — рафыхти йæ маст æмæ дзы хъæрæй сирвæзт: — Æррадои! — Циу? Циу? Цы хабар у? — удаистæй йæ хуыссæны рабадти Гуарæ. — Ницы хабар, — басабыр æй кодта Сандыр. — Дæ хъустыл цыдæр ауад, æвæццæгæн. Сахаты бæоц ма фæхъуырдухæн кодта йæ хуыссæны, хинымæр хæцыд Æмзоримæ. Загъд кодта йæхимæ дæр: зæронд куы бадæ, уæд дыл ахæм сайд цæмæн æрцыд? Зондагур куы никуы фæцыдтæ, уæд цæмæ байхъуыстай дæ фыртмæ? Дæхи аххостæ сты иууылдæр æмæ хуыздæр уынаффæ рахæсс, цалынмæ дын бынтон нæма байрæджы, уæдмæ. Рафт-бафтæй куынал фæрæзта, уæд хъуызгæ сыстад, куыд ничи райхъал уа, а±тæ йæ дзаумæттæ скодта, фыдæлтыккон дыууæхстон уæхскыл бафтыдта æмæ нымæт йæ уæлæ æрбаппæрста. Уынгмæ рахызт. Бæстæ урс-урсид дардта. Сандыр мæстыхуызæй æвæд миты алæгæрста. Кæд æнæхъæн цыппар мæйы фæцард горæты, уæддæр, кæцыодæм цæугæ у, уымæн ницы æмбæрста. Уынджы кæронмæ ныххæццæ, цæхгæрмæ уынджы фæзылд. Дарддæр кæцырдæм цæугæ у? Искæй бафæрсид æмæ фæрсгæ дæр кæй бакæна ацафон. Уæд та искæй рудзынг бахоид æмæ куыд? Цы йæ фенхъæлдзæн хæдзары хицау? Ахæм æнæбон æмæ тыхст йæ цард-цæрæнбонты никæд уыди. Чи зоны, цас фæлæууыдаид кæйдæр дуармæ бæласы æнцой, фæлæ иу афон дардмæ цыдæр æндæрг ауыдта уынджы астæуы æрцæйцæугæ. «Мæ Уастырджийы хай у ацы æнафоны бæлццон, æндæр ницы», — бацин кодта Сандыр æмæ йæм сдзырдта: — Дæ хорзæхæй, Дыгургоммæ кæуылты цæугæ у, уый мын бацамон, Дзинагъамæ? Æндæрг фестъæлфыд, дзуапп раттыны бæсты йæ цыдыл бафтыдта. Кæцæй зыдта Сандыр, дыккаг кæркуасæнты афтид уынджы бæласы æнцой лæугæйæ йæ сау нымæты тæрсæн кæй у, уый. Бæлвырдæй зыдта æрмæст иунæг хабар: йæ фыдæлты æрнæг цæмæй ссара, уый тыххæй йын ныгуылæны ’рдæм цæугæ у. Зымæгон ирд æхсæвы стъалыты дзыгуыртæ йын фæндагамонæг фæлæууыдысты.
Æнæхъæн æртæ боны фæцыд Дзинагъамæ кæм фистæгæй, кæм бæхуæрдонæй, кæм та машинæйæ. Адæм хорз сты, сæфын æй нæ бауагътой. Уæлладжыры комæй бахызт Садонгоммæ, уырдыгæй Зджыды æфцæгыл æрхызт Уæллагкоммæ. Ардыгæй йын Дыгургоммæ фæндаг амонын нал хъуыд. Æппынфæстаг Дзинагъайы уæлвæз разынд. Йæ фыды хæдзары ныууагъта йæ хистæр æфсымæр Пъаулийы æд бинонтæ. Хæдзармæ бацæуыны бæсты фæсчъылдымты, хъæды астæугы къахвæндагыл сæ фыдæлты мæсыгмæ бацыд. Раст уыцы рæстæг Пъаули та мыггаджы хистæртæм æмæ фæсивæдмæ фæсидт æмæ тæрхон кодтой се ’фсымæры сæфтыл. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Æмзор сæумæйæ куы рабадт æмæ йæ фыды сынтæг афтидæй куы федта, уæд уайтагъд бамбæрста, зæронд хохмæ кæй Фæлыгъд. Куыстмæ дæр нал ацыд, фæлæ сихæрттæм фенхъæлмæ каст, фæстæмæ кæд раздæхид, зæгъгæ. Зынæг куы нæ уыдис, уæд Фæссихор йæ мадимæ Дзинагъамæ араст. Æрмæст дыккаг бон бахæццæ сты хæдзармæ æмæ Пъаулийæн хабар радзырдтой. Сандыр æртыккаг бон дæр куы нæ фæзынд, уæд куыннæ хъуамæ фæфæдис уыдаиккой. Пъаулийы хæдзары тæрхон кодтой, кæм агургæ у, ууыл. Уал бонмæ чи нæ фæзынд, уымæн æгас æнхъæл уæвгæ дæр нал уыдысты: фыдгæнæджы амæттаг бацадаид æви сырды. Уыцы тыхстæй куы тæрхæттæ кодтой, уæд кæртæй æрбайхъуыст сыхæгты ус Асиаты æрдиаг: — Уæ-дæ-дæй! Уæ-дæ-дæй! Уæ мæсыджы абырджытæ фæзындГ Абырджытæй байдзаг уæ мæсыг! Пъаули фестъæлфыд: — Цавæр абырджытæ? Дæ цæстытыл исты ауад? Дзæбæх-ма радзур хабар, бамбарæн ын куыд уа, афтæ. — Бесланы усæн лæппу райгуырд æмæ сæ, зæгъын, æртæ чъириимæ куы бабæрæг кæнин. Уæ мыггаджы мæсыгмæ куы бахæццæ дæн, уæд мæ хъустыл цыдæр æнахуыр уынæр ауад. Уынæр, зæгъгæ, рог сыбыртт. Æнхъæлдтон, гæды кæнæ куыдз у. Мæ фæндаг дарддæр дарын, æмæ дын мæ фæстæ чидæр куы радзурид: «Асиат, сыдæй мæлын мæ ма бауадз!» Фыр тæссæй мæ зæнгтæ мæ быны фæдыдагъ сты. Æртæ чъирийы æд тæбæгъ фæндаггæрон æрæвæрдтон æмæ мæ уд мæ мидæг нал уыд, афтæмæй лидзæг фæдæн. Фæлæ уæддæр сылгоймаг цымыдис кæм нæ у æмæ ма фæстæмæ иу каст фæкодтон. Чъирнтæн сæ фæд дæр нал уыд. Мæсыгæй та мæм рахъæр чындæуыд: «Нуазинаг дæр-иу æрбахæсс æххæст!» Уæд ма искуы ахæм æнæрцæугæ диссæгтæ уыд? Æмзор æмæ Пъаули кæрæдзимæ бакастысты: — Сандыр йеддæмæ ничи у... Уайтагъд мæсыджы цур балæууыдысты, цал уыдысты, уалæй. Фæлæ сæ сонт хъæр фæурæдта: — Æмгæрон куыддæр æрбацæуат, афтæ уæ ныццæгъддзынæн. Хъусут, мачи уæ æрбацæуæд хæстæг! — Æрра фæдæ, куыд нæ ныццæгъддзынæ? — дзуры йæм Пъаули.
— Æрра дæр ма æррайы хуызæн вæййы! — Гъы, æмæ дæ цы фæнды дарддæр? —- Дзинагъайы цæрын, æндæр ницы. — Дзинагъайы дæ ницуал хъуыддаг ис. Горæты цæрыс æмæ афардæг у фæстæмæ горæтмæ. — Ацу æмæ дзы дæхæдæг цæр! Уæды онг ын йæхи нæ уыдтой, хъуыстой йын æрмæст йæ хъæлæс. Ныр мæсыджы рудзынгæй разынд Сандыры уæлдзарм худ: — Фидарæй уын зæгъын: цалынмæ, Дзинагъайы кæй æрцæрДзыстæм, уый тыххæй æппæт мыггаджы раз ард бахæра мæ хистæр фырт, уæдмæ æз мæсыгæй нæ рахиздзынæн' Уый уын мæ фæстаг ныхас! Кæд уæ искæмæ хъаруйæ архайыны фæнд æрцæуа, уæд та мæм нæмгуытæ фагæй фылдæр ис. Цæмæй йыл баууæндой, уый тыххæй дыууæхстоны хæтæлтæ разындысты æмæ дзы иу гæрах фæкодта хæрдмæ. Цалынмæ раныхас-баныхас кодтой, уæдмæ суазал сты нæлгонмæгтæ æмæ уавæрыл бæстондæр æрдзурыны тыххæй хæдзармæ раздæхтысты. — Йæ зонд кæй фæцыд, уый бынтон бæлвырд у, — загъта æфсымæрты кæстæр Васо. — Мæнæ мыл куыд уынгæджы бон бакодта, — райхъуыст Гуарæйы æрдиаг. — Ныссæлдзæн ацы уазалы, æхсæв æддæ куы баззайа, уæд. Пъаули ныхас балхынцъ кодта: — Нæ, гæды зæгъут иууылдæр — ме ’фсымæрæн йæ зонд нæ фæцыди. Раст кæны, бынтон раст, æз дæр уый бынаты афтæ бакæнин. Тыхсгæ ма кæн, мæ къона, —- æрхоста Æмзоры уæхск. —- Ныртæккæ йын исты æрхъуыды кæндзыстæм. Цасдæр рæстæджы фæстæ хъæубæстæ иууылдæр — хионæй, æцæгæлонæй, — мæсыджы бын æрбамбырд сты. Дарддæр цы уыдзæн, уымæ æнхъæлмæ кастысты. — Иæ, Сандыр!—бахъæр та йæм кодта Пъаули.— Æддæмæ рахиз æмæ нæ хæдзармæ цом! Иумæ æртæрхон кæнæм, кæд хуыздæр исты уынаффæмæ æрцæуиккам. — Никæдæм цæуинаг дæн æз ардыгæй. —Уæдæ стонг æмæ уазалæй дæхи марынмæ хъавыс?.. Скæсма арвмæ, куыд хъулæттæ у, уымæ. Миттымыгъ хæссын кæй райдыдта, уый нæ уыныс? — Иу хатт ма уын æй зæгъын — залты мит куы ныууара, уæддæр никæдæм цæуинаг дæн æз! Æнцой мæ куы ныууадзиккат. уæд бæгуы хорз уаид. йæ ныхæстæ бафидар кæныны тыххæй дыууæхстоны хæтæлтæ разындысты рудзынгæй. Мит тъыфылæй уарын райдыдта, ныгуылæны ’рдыгæй къуыззитгæнгæ лæбурдта уазал дымгæ. Мæсыджы къуымы хъæмпы муртæ иу ранмæ æрбамбырд кодта Сандыр, йæхи сыл æруагъта æмæ нымæт æнгом æобатыхта, афтæмæй батымбыл. «Рахиз дам, æддæмæ. Æндæр ницы зæгъдзыстут? Уыцы смаг-
гæнаг горæты фæцæрыны бæсты фæлтау фыдæлты уæзæджы амæлын хуыздæр у. Фыдæлты ингæны фарсмæ хъуамæ уа мæ ингæн дæр, æцæгæлон бæсты нæ, фæлæ. Цæмæн хъуамæ фæхæссон æз мæ адзал кæдæмдæр, гуыргæ дæр ам куы ракодтон, цард дæр ам куы федтон, уæд. Фыдæлтæн фаг цы уыд, уый мæнæн та фагæй фылдæр у. Никæдæм цæуинаг дæн æз! — уазалæй гæртгæртгæнгæ хъуыды кодта Сандыр æмæ нымæты фæдджитæ æнгомдæр æрбатыхта. Бонивайæнты мæсыджы рæбынæй сыхъуыст Гуарæйы æрдиаг: — Уæ мæ фæрстæ дын куыд фехæлдысты, дысон-бонмæ уыцы уазалы мит кæуыл фæуарыд? Цардæй дæр куы ницыма федтай, уæд дæ уд дæ мидæг кæд, мыййаг, нал ис. Уæ, дæ цоты цоты рæвдауынæй дæр куы нæма бафсæстæ, уæд мыл куыд уынгæг бон бакодта. Уæ, мæ зæронд сæр дзæгъæлæй куыд бæззади!.. Рудзынгæй разынди Сандыры цъæх-цъæхид цæсгом: — Цæуыл хъарæг кæныс, æгас куы дæн нырма, уæд? Æви мæ удæгасæй баныгæнынмæ хъавут? — Æгас бæргæ дæ, нырма бонырухс бæргæ уыныс, фæлæ райсоммæ куынæуал сфаг уай, ууыл у мæ уды дудгæ катай, — ныккуыдта Гуарæ æмæ йæ зонгуытыл æрлæууыд. —О мæ' сæры хицау, ралыггæнинаг у ме ’дылы сæр, æдылы хъуыдытæ кæм сæвзæрди. Уæ, дæ тæригъæдæй ниугæ куыд фæцыдтæн Дыгуры къæдзæхты æхсæн! Уæ, сидзæрæй нæ ма ныууадз, нывондаг дын мæ урс сæр фæуа. Лæппуйæн дæр та ногæй зæрдæ куы бавæрдтой горæты хорз бынатæй, уæд цæмæн ацы фыдæнæн бакодтай дæ бинонтæн? Адæм се ’ппæт кæм нæ сæфынц, уым мах дæр кæд бафæразиккам... — Фесæф уырдыгæй рæвдз, куырысдзау! — фæтъæлланг ыл ласта Сандыр. — Адон мын иууылдæр дæ фыдбылызтæ куы сты æмæ та ногæй дæ зарæг куы райдыдтай. Мæ къах дæр никуы авæрдзынæн æз горæтмæ, уый уын мæ фæстаг дзуапп. Мæ къах! Афтæ йæ бамбарын кæн дæ фыртæн дæр. Дарддæр дзурын ницуал пайда у, уый бамбæрста Гуарæ, æмæ йын куатæйы тыхтæй цы хойраджы муртæ æрбахаста, уыдон мæсыгмæ бахизæны æрæвæрдта, йæхæдæг фæстæмæ дæр нал фæкаст. Бон дзæвгар куы суад, уæд Пъаули æмæ Васо бафæлвæодтой мæсыгмæ бахизын æмæ се ’фсымæры лæгъстæйы кæнæ хъаруйы руаджы ракæнын. Дуармæ ма сæ дыууиссæдз санчъехы бæрц хъуыдаид, афтæ сæ тæккæ сæрты къуыззитгæнгæ атахт нæмыг æмæ зæронд нæзыйы нынныхст. Сæ фæнд аивын сæ бахъуыд. Кæд дзы комкоммæ ныццæвынæй нæ тарстысты, уæддæр фыдбылызæн бирæ нæ хъæуы, Æхсæв ныйирд. Ныллæг ставд стъалытæ кæрæдзимæ сæ цæст ныкъуылдтой, цъаммар хъызт скодта. Уазал уæнгты иннæрдæм хызт. Æмзор хъарм хуыссæны йæхи бæргæ æруагъта, фæлæ йæм хуыссæг æмгæцон нæ цыд. Йæ цæстыты раз уади Сандыр, уыцы æнкъардæй йæм комкоммæ каст, æдзæмæй йæ фарста: «Уагæр
дын Цæй адджын фæцис уыцы горæт, фыдæлты уæзæгыл æй куыд баивтай? Æз та ма дæм зæрондæй мæ мард бафснайынмæ куы æнхъæлмæ кастæн». Æрвгæрæттæ куыд рухсдæр кодтой, афтæ уæззауæй уæззаудæр хъуыдытæ æнцой нал уагътой Æмзоры. Былкъахыр мæй къæдзæхы сæрмæ куы стылди æмæ рудзынгæй куы бакаст, уæд Æмзоры цыма хъамайæ барæхуыстæуыд, уыйау фесхъиудта. Хæдзары сыбыртт никæцæй хъуысыд. Цæмæдæр гæсгæ куыдзæй æгаддæр æркаст йæхимæ Æмзор. Талф-тулфæй æрдæгталынг уаты къуырццытæгæнгæ йæ дзаумæттæ рæвдз акодта. Мæйрухсмæ мæсыг зынди дардмæ, æгомыгæй нынныхст кæмдæр уæларвы. Нæдæр дзы фæздæджы цъыртт калди, нæдæр уынæр хъуысыд. «Кæд ацы уазалы афонмæ ныссалд, уæд зарæггаг фæуыдзынæн фыдæй-фыртмæ», — старст Æмзор. — Баба! — уынгæг хъæлæсæй ныхъхъæр кодта, мæсыгмæ ма йæ дзæвгар куы хъуыди, уæд. Сандырмæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд, уайтагъд ракасти рудзынгæй. Иæ зæрдæйы тугтæ ныккалдысты Æмзорæн, йæ фыды цæсгом куы ауыдта, уæд: бынтондæр баруади, стонг æмæ дзы уазалæй хуызы цъыртт æппындæр нал баззад. Ноджы бынтон фæлурсæй та мæйы фæлывд рухсмæ зынди. — Баба, ницæмæнуал нæ хъæуы горæт. Фæстæмæ Дыгургоммæ ралидздзыстæм. — Ногæй та мæ сайгæ кæныс? — хъинцъгæнаг салд хъæлæсæй бафарста Сандыр. — Нæ сайын, баба... Æнæ горæтæй дæр бафæраздзыстæм. Нырма мæм ныр бахъардта, хæхбæсты хъæбул кæй дæн, уый. * * * — Афтæ ахицæн мæ горæтмæ фæлидзыны фæлтæрæн, — фæцис йæ ныхас Æмзор. — Уæдæй нырмæ бирæ фæзондджындæр дæн, цардмæ бынтон æндæр цæстæй кæсын райдыдтон. Иу хъуыддаг бæлвырдæй зонын: Дыгургомæй сыгъдæгдæр дон æмæ сатæгдæр уæлдæф никуы ис... Фыдæлты уæзæгыл йеддæмæ та æндæр ран цæрын мæ бон никуы бауыдзæн. Йæ арахъхъ дæр мып уæлдай хæлардæр у,—мидбылты бахудт æмæ йæ агуывзæ фæдæлæ кодта.
СÆРГÆНДТÆ Хæлардзинады бæлас — Малиты В. 3 Зарæг—фæндагсар (Хæблиаты С. тæлмац) 6 Æндæр адæмæй ус хæссын амонд у (Хуыгаты С. тæлмац) 8 Царди Дыгуры Хъанухъты Есе (Бицъоты Г. тæлмац) 15 Æмзор йæ уарзондзинад куыд баныгæдта (Цæрукъаты В. тæлмац) . 22 Тубулийы «балб» (Хæблиаты С. тæлмац) 28 Къæдорæ (Хæблиаты С. тæлмац) 36 Немыцаджы бæсты (Хæблиаты С. тæлмац) ...... 44 Хъæбатыр Мэлс (Хæблиаты С. тæлмац) 52 Бæгæныдзуан (Хæблиаты С. тæлмац) 64 Комы дæгъæл (Хæблиаты С. тæлмац) 70 Номы куывд (Хæблиаты С. тæлмац) 83 ЕВА МАЛИЕВОВА-ФРАНЕВА Путешествие с Амзором Рассказы на осетинском языке Редактор И. Р. Цомартов Художник М. Ф. Джигкаев Кудожественный редактор X. Т. Сабанов Технический редактор 3. С. М и с и к о в а Корректор И. X. Джанаева ИБ № 1266 Сдано в набор 17.07.87. Подпнсано к печати 27.10 87. ЕИ 01905. Формат бумаги 60х901/1б. Бум тип № 1. Гарн. шрифта литературная. Печать высокая. Усл. п л. 6 Усл. кр.- стт. 6,62 Учетно-изд. листов 6,35. Тираж 2000 экз. Заказ № 373. Цена 70 коп. Издатсльство «Ир» Государственного комитета Северо-Осетинской АССР по делам издательств, полиграфии и книжнсй торговли, 362040, г. Орджоникидзе, ул. Димитрова, 2. Книжная типсграфия Государствснного комитета Северо-Осетинской АССР по делам исдательств, п.лиграфии и книжной торгсвли, 362011, г. Орджокнкидзе, ул. Тельмаяа, 16.