Text
                    БЯЗЫРТЫ А, X.
ИРОН ЄВЗАДЖЫ
ГРАММАТИКЄ
2-аг ХАЙ
СИНТАКСИС
VII ємє VIII КЪЛЄСТЄН АХУЫРГЄНЄН ЧИНЫГ
ЦХИНВАЛ 1976


БЯЗЫРТЫ А. X. ИРОН ЄВЗАДЖЫ ГРАММАТИКЄ 2-аг ХАЙ СИНТАКСИС VII ємє VIII КЪЛЄСТЄН АХУЫРГЄНЄН ЧИНЫГ Сфидар єй кодтой Цєгат Ирыстоны рухсады Министрад ємє Хуссар Ирыстоны областон рухсады хайад. ЦЫППЄРЄМ РАУАГЪД Отсканировано 30 ноября 2012 года специально для эл. библиотеки паблика «Бєрзєфцєг» («Крестовый перевал»). Скангонд єрцыд 2012 азы 30 ноябры сєрмагондєй паблик «Бєрзєфцєг»-ы чиныгдонєн. http://vk.com/barzafcag РАУАГЪДАД «ИРЫСТОН» ЦХИНВАЛ 1976
М-623
ХУЫМЄТЄГ ХЪУЫДЫЙАДЫ СИЕТАКСИС Синтаксис у грамматикєйы хай ємє дзы ахуыр кєнынц хъуыдыйады мидєг дзырдтє кєрєдзийыл бєттыны єгъдєут- тє, хъуыдыйєдты хуызтє ємє хъуыдыйєдты кєрєдзиимє бєт- тыны амєлттє. Синтаксис дих кєны дыуує хайыл: хуымєтєг хъуыдыйа- ды синтаксис ємє вазыгджын хъуыдыйады синтаксисыл.
ХЪУЫДЫЙЛДЫ ТЫХХЄЙ ЄМТКЄЙ ЗОНИНЄГТЄ I. ЦЫППЄРЄМ-ЄХСЄЗЄМ КЪЛЄСТЫ РАЦЫД ЄРМЄГ ЗЄРДЫЛ ЄРЛЄУУЫН КЄНЫН § 1. Хъуыдыйад. Исты хъуыды цы дзырдты къордєй кєнє цы иунєг дзыр- дєй фєзєгъынц, уый хонынц хъуыдыйад. Фысгєйє хъуыдыйады кєрон бєрєг вєййы стъєлф, фарс- ты нысан ємє хъєры нысанєй. Ныхасы та хъуьпдыйады фєуд бєрєг вєййы хъєлєсы уагєй — сєрмагонд фєуды интонаци- йє, фєуды хъєлєсы уагєй. Цєвиттон: Уалдзєг стыхджын. Фєхъарм. Цъєх адард- той хуссєрттє. Райхъал та ис дуне. Райхъал сты адєм дєр. (Цомахъ) Ам ис фондз хъуыдыйады ємє дзы алкємєй дєр загъдє- уы уалдзєджы фєзындтєй иу хъуыды. Ацы хъуыдыйєдты бєсты єрмєст иугай хицєн номдартє куы райсєм: уалдзєг, хуссєрттє, дуне, адєм$ уєд афтємєй нырма єххєст хъуыдытє нє зєгъдзыстєм, фєлє уалдзєгєй зєгъєм — стыхджын, хуссєрттєй зєгъєм — цъєх адардтой, дунейє зєгъєм — райхъал, адємєй дєр зєгъєм — райхъал сты, зєгъгє. Цыппар предметы кой скодтам ємє дзы алкє- мєй дєр цыдєр загътам, ємє афтємєй сырєзт цыппар хъуы- дыйады. Цы предметы кой скєнай, уымєй хъуамє исты зє- гъай, ємє уєд сывзєрдзєн хъуыдыйад. Иуиєг миногон хъарм куы райсєм, уєддєр хъуыдыйад нєма уыдзєн. Фєлє хъуыдыйад фєхъарм кєд иунєг мивди- сєгєй конд у, уєддєр дзы загъдєуы иу хъуыды: фєхъарм, ома раздєр уазал уыд, ємє ныр фєхъарм. 1 ФЄЛТЄРЄН. Ацы тексты раиртасут, алы хъуыдыйад дєр кєм фєуд кєны, уый. 4
Сєрдыгон бон хур ныккастис йє зынг цєстєй дунемє хєх- тє. ныддардтой сє фєрстє хуры тєвдмє цъититє єрттивынц хуры рухсєй къєдзєхты цыргъытє ныгъуылынц арвы цъєхы уєлєуєз иу хохы тєккє цъуппыл сау къєйты єхсєн иунєгєй рєзы иу хєххон дидинєг йє рєсугъд хъал цєстытєй фєлгє- сы коммє дєлємє сєрщыгон фєлмєн дымгє рахъазы хохы цъуппытыл. (Цомахъ) 2 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы хъуыдыйєдты, -сє кєрєтты сын стъєл- фытє євєрут, афтємєй. Рєсугъд хур бон уыд арвы астєуєй хурзєрин йє хъарм тынтє зєххыл єппєрста цъєхсєр къєдзєхтє, євзистау, єрт- тывтой єрнєджыты зєлдаджы хуызєн тамагєрдєг ирдгє фєйлыдта алы хорз дидинджыты тєфєй адєймаджы зєрдє рухс кодта уалдзыгон мєргъты зарынєй адємы зєрдєйы цы- дєр хъєлдзєгдзинады бєрєг абадт хурыскєсєны дымгє фаг улєфыд, ємє йын бєлєстє фєлмєн хъыриыдтой. (Секъа) § 2. Хъуыдыйады сєйраг уєнгтє. Хъуыдыйады уєнгтє вєййынц сєйраг ємє фєрссаг. Сєй- раг уєнгтє сты сєйрат ємє зєгъинаг. Сєйрат у, хъуыдыйады мидєг дзырд кєуыл цєуы, уы- цы уєнг. Сєйрат вєййы номон хауєны ємє фєдомы фарсты- тє чи кєнє цы? Цєвиттонтє: Фиййау фосы фєдыл фєцєуы. Чи фєцє- уы? — Фиййау (сєйрат). Зымєг єрыввахс кєны. Цы єрыв- вахс кєны? — Зымєг (сєйрат). Куыст адєймаджы фидар кєны. Цы йє фидар кєны? — Куыст (сєйрат). > Фиппаинаг. Иуєй-иу архайдтыты дыгай дзырдтєй куыд нысаи чындєуы (хъєр кєнын), афтє иуєй-иу предметты дєр фєнысан кєнына дыгай дзырдтєй, ємє уєд ахєм дыгай дзырдтє банымайынц иугай уєнгтыл: Советон Цєдис (иу паддзахады ном) у дунейы тыхджындєр бєстє. Терчы дон (иу фурды ном) цъитийє кєлы. Цєсты сыг (цєсты доны иу єртах) русыл єруад. Тлаттаты Чермен (иу лєджы афтє хо- нынц таурєгъы) сєрєн гуырд уыд. Сєйраты тыххєй исты кєм загъдєуы, хъуыдыйады уыцы уєнг та у зєгъинаг. Зєгъинаг дзуапп дєтты фарстытєн: иы ми кєны? цы ми кодта? цы ми кєндзєн? цы кєны? цы кєндзєн? цавєр у? цы у? цал сты? ємє єндєр ахємтє. 5
Скъоладзау фыссы. Цы ми кєны? — Фыссы (зєгъинаг). Мє къах рысти. Цы кодта?—Рысгпи (зєгъинаг). Єхсар фыссє* уыдзєн. Цы уыдзєн? — Фыссєг уыдзєн (зєгъинаг). Уєртк цый Нинє у. Чи у? — Нинє у (зєгъинаг). Ацы гєххєтт тєнєг у. Цавєр у?— Тєнєг у (зєгъинаг). БарджытР* єртпсе уыдысты. Цал уыдысты?— Єртє уыдысты (зєгъинаг). 3 ФЄЛТЄРЄН. Бакєсут текст ємє бацамонут алы хъуыдыйады дєр ^єйрат ємє зєгъинаг. К0ЛХ03Ы БЄРЄГБОН. Стыр цъєх нєуу фєзыл, хъєугєрон, єрємбырд сты хъє- уы цєрджытє. Алыхуызон дидинджытау, єрттывта дзыллєты аив дарєс. Хъуыстис хъєлдзєг цагъд, ємдзєгъд. Кафыдысты фєсивєд. Дєлдєр, тыгъд быдыры, лєппутє хъазыдысты кол- хозон бєхтыл. Хъазтєн хъєуырдыгєй фарс цалдєр иєлгойма- джы ємє сылгоймаджы цєттє кодтой хєринєгтє. (Дєбе) 4 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут текст, сєйраты бын иу хахх бакєнут, зє- Гьинаджы бын та —дыуує хаххы. Хъелы цады1 кой дардыл хъуыст у. Рагєй цєуынц адєм йє уынынмє. Адєймаг цєуыл бадис кєна, уымєй дзы уый ис, ємє ахєм стыр цад ис тєккє єфцєгыл. Денджызы уєл- вєзєй йє бєрзєнд у дыуує мины фараст сєдае дыууын ме- тры. Иттєг «райдзаст у Хъелы хєхты єлхынцъ. Ацы иу ранєй райдайынц сє цыд Арагуийы дон — Хъуды комы, Чысаны <дон — Дзимыргомы, Чысыл Леуахи — Гнугъгомы ємє Ерманы дон — Леуахийы къабаз. Хъелы єфцєгєн скєсєнырдыгєй сырх-сырхидєй зыны дардмє вулкан Сырх-хох... Сырх-хохєй ныгуылєнырдєм ис зєронддєр вулкан Фидар-хох. Мєнгєй ахєм ном ыл нє сє- вєрдтой адєм. (Д з е с т ы К.) 1 Хъазбеджы хохєн хуссар-иыгуылєнырдыгєй 20—25 километры єд- дєдєр. 6
5 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут текст ємє єрєвєрут єрхєцєн нысєнттє. Бацамонут сєйраг уєнгтє. ЦЄУКЪА ЄМЄ ФЫРКЪА. Хур аиыгуылди Талынг кєнын байдыдта Цєукъа равзєр- сга йєхицєн єхсєвбынат Уайтагъд цєукъайы фындзыл ауади цєйдєр сымаг Хи бахъахъхъєныны тыххєй слєууыд фидар Алфємблай уыд єдзєм Єрмєст єхсєвы ирдгє єнкъуыста сыфтєрты Уыны • йє размє дыуує зынджы єрбаввахс кє- нынц Уыдон уыдысты бирєгъы цєстытє Иє зєрдє бауынгєг Иє буарыл азгъордта лыстєг ризєг Фєзынди йєм мєлєты тас Афтє уыдис єрмєст иу секунды бєрц. (А р с е н) 6 ФЄЛТЄРЄН. Ссарут сєйраг уєнгтє. Бацамонут, цавєр ныхасы хєйттє сты. Уыдис рагуалдзєг. Рєсугъд бон скодта. Хєхтє ма уы- дысты ємбєрзт митєй. Хур єрбакасти хохы къахырєй коммє. Ныррухс кодта бєстє комрєбыны уонг. Урс-урсид хуссєрттє хъєлдзєг цєстєнгас лєвєрдтой хуры цєстмє. Уазал дымгє ¦кодта єфцєгєй. Бон фєцыди йєхи єгъдауыл... Абадти бєлццон дєр. Фенкъуыста хєрзхаст євєллад гбєхты Бесо. Рог цыдєй айстой сєхи сосє фєндагыл. Цєстфє- «ыкъуылдмє фєаууон сты. Изєрдалынгты бахєццє кодта Бе- *со йє бєлццоны иннє станцємє. Раздєхти Бесо єд дилижанс. Балхєдта урс дзулы джиранка. Сбадти дилижансы. Фєцєуы. Хєры. Єнцад уагъдаей ауагъта йє бєхтє. Єнцад цыдысты *бєхтє талынджы. (Ц о м а х ъ) § 3. Хъуыдыйады фєрссаг уєнгтє. Сєйрат ємє зєгъинагєй фєстємє^ хгъуыдыйады иннє уєнгты хонынц фєрссаг уєнгтє. Фєрссаг уєнгтєй иутє сєйраты ємбарын кєнынц, иннє- тє — зєгъинаджы, аннєтє та ємбарын кєнынц фєрссаг уєнг- тєн сєхицєй искєцыты. 7
Бєрзонд ємє хєрзконд лєппу аив кафы къах- фындзтыл. Дзырдтє лєппу ємє кафы сты сєйраг уєнгтє, сєйрат ємє зєгъинаг. Иннє дзырдтє иууылдєр сты фєрссаг уєнгтє ємє бєлвырд дєр кєнынц сєйраг уєнгты. Дзырдтє бєрзонд ємє хєрзконд євдисынц лєппуйы миниуджытє, ома бєлвырд- дєр кєнынц сєйраты. Дзырдтє аив ємє къахфындзтыл та єв- дисынц, куыд кафы, уый, ома бєлвьврддєр кєнынц зєгъина- джы. Хъуыдыйады мидєг фєрссаг уєнгтєй сєйратимє кєнє зєгъинагимє баст чи вєййы, уый базонынц фарстыты руаджы. Цавєр лєппу? — Бєрзонд ємє хєрзконд. (Ацы дыуує дзырды баст сты сєйратимє, ємє сє хонынц фєрссаг уєнгтє). Куыд кафы?—Аив, къахфындзтыл. (Ацы дзырдтє та баст сты зєгъинагимє, ємє уыдон дєр хонынц фєрссаг уєнгтє). Хъуыдыйады мидєг сєйраг ємє фєрссаг уєнгты єхсєн цы ахастытє ємє бастдзинєдтє ис, уыдонєн равдисєн ис схе- мєйы дєр: цы ми кєны? Лєппу < ;-> кафы Бєрзонд ємє хєрзконд аив къахфындзтыл цавєр лєппу? куыд кафы? куыд кафы? 1 Бєрзонд ємє хєрзконд лєппу аив кафы къахфындзтыл 7 ФЄЛТЄРЄН. Фыццаг уал бацамонут, сєйраты чи ємбарын кєны, уыцы фєрссаг уєнгты, стєй та—зєгъинаджы чи ємбарын кєны, уыдон. 1. Мигъ комы ныббадти. 2. Мєскуы у Советон Цєдисы столицє. 3. Цалдєр колхозоны куыстмє фєцєуыиц. 4. Терчы дон Каспы денджызмє кєлы. 5. Нє хъєуы сєйраг уынг ас- куыд? 8
фальтгонд єрцыд. 6. Космосмє фыццаг хатт космонавт Гага- рин атахти. 7. Африкєйы адємтє пырх кєнынц колониализ- мы рєхыстє. 8. Кубєйы сакъадахы фєллойгєнєг адєм дєр» аразынц социализм. 8 ФЄЛТЄРЄН. Саразут сєГфаг ємє фєрссаг уєнгты єхсєи баст- дзннады схемєтє. 1. Нанайы буц чызг сє раззаг тыргъы хъуыдыты ацыд.. (Дзугаты Г.) 2. Ног къанауы згъордта дон. (Токаты А.) 3. Сєу- уон мєргътє сє зарєг сєдєвзагєй фєндыры цагъд кє- нынц. (Гафез) 4. Уыналы дыргътє—фыд-зад, зєбултє. (Мыр- тазты Б.) 5. Ахуыргєнєг сын абон дзырдта адємон сфєл- дыстады тыххєй. (Хуыбецты Р.) 9 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут текст. Ссарут фєрссаг уєнгтє ємє сын сє быны «бахахх кєнут. Уыди райсом. Хъєумє єввахс хєст нє цыд. Немыцаг фа- шисттє къордгєйттєй лекка кодтой уынгты. Сє куывдмє сє- хи цєттє кодтой. Афицертє єрбацыдысты Дзамболаттєм. Дзамболаты хуыз фєцыд фыртєсєй. (Бесаты Т.) Мухар у колхозы уєлыгєсы лєппу. Уый йє фыдимє арєх цєуы фиййау. Иу уалдзыгои райсом сє фос сыздєхтой рє- сугъд фєтєны. Уєрыччытє апырх сты зад кєрдєгыл. Фыд-. хъєдмє бацыд пыхсытєм. Мухар та къуылдымыл єрбадт. Иє* цєст ахаста йє дзугтыл ємє ныззарыд. Бон сытынг. Уєрыччы- тє хорз бафсєстысты єртєх кєрдєгєй. Мухар сє єртымбыл- кодта суадоны цурмє. Иєхєдєг суадоны донєй йєхи цєхсад- та. (Сланты А.) § 4. Хуымєтєг цыбыр ємє хуымєтєг даргъ хъуыдыйєдтє. Хъуыдыйад єрмєст сєйраг уєнгтєй конд куы уа, уєд єй хонынц хуымєтєг цыбыр хъуыдыйад. Зєгъєм: Хур (сєйрат) кєсы (зєгъинаг). Сєйрат ємє зєгъинагєй уєлдай ма фєрссаг уєнгтє дєр цы хъуыдыйады вєййы, уый хонынц хуымєтєг даргъ хъуыды- йад. Зєгъєм: Сєрдыгон хур кєсы арвы астєуєй. Ацы хъуы- дыйады сєйрат ємє зєгъинагєй (хур кєсы) уєлдай ис фєрс- саг уєнгтє дєр: сєрдыгон ємє арвы астєуєй. 10 ФЄЛТЄРЄН. Ацы хуымєтєг цыбыр хъуыдыйєдтєм бафтаут фєрссаг уєнгтє ємє сє афтємєй саразут хуымєтєг даргъ хъуыдыйєдтє. 9ч
1. Мит єрттивы. 2. Зєй рацыд. 3. Сывєллон бафынєй. Л. Скъоладзаутє рувынц. 5. Мах фыссєм. 6. Бон цыбырдєр кєиы 7. Зєрватыччытє атахтысты. 8. Секъа фыссєг уыд. ~9. Денджыз арф у. 10. Бурхох — айнєг къєдзєх. 11 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы текстєй хуымєтєджы цыбыр хъуы- дыйєдтє. Бахахх кєнут сєйраг уєнгты бын. 1. Айсєду євзєр єнкъарыи райдыдта йєхи. Ємбисєхсєв- •мє єввахс бынтондєр єруатон. («Фидиуєг»). 2. Єз мє сєр єртыхтон хъєццулы. (Арсен). 3. Фронтєй хъуысы євзєр хабєрттє. (Газетєй). 4. Саст къалиуы къєрцц фєцыди. Сєгуыт фесхъиудта. • Умар фєстємє фєкаст. Тымбыл єрдузы лєууыд єнахуыр хъєддзау. Умар скатай. (Мєрзойты С.). 5. Уалдзєг стыхджын. Фєхъарм. Цъєх адардтой хуссєрт- тє. Райхъал та ис дуне. Райхъал сты адєм дєр. Рацыдысты ч:є хєдзєрттєй єддємє. Сє уєлхєдзєрттєй фєлгєсыдысты алырдєм уыцы хурєфсєст бонты. Мит тади. (Цомахъ). 6. Иннє азты дєр Гиго йє сыхєгтєм хєлєг ницємєй ’Кодта. (Арсен). 7. Доны тылд каркау дыууєрдєм хъеллау кодта хъуын- •тъызєй Саугуди. (Арсен). 12 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут текстєй хуымєтєджы даргъ хъуыдыйєд- тє. Равзарут сє хъуыдыйады уєнгтєм гєсгє. Єхсєв. Талынг у нє цєрєн бынат. Рудзынджы састы .дзєгъ-дзєгъ цєуы. Дымгє ниуы, даргъ єй ауадзы. Райхъал дєи. Ризыи уазалєй. Байхъуыстои. Нордын мєхи. Рудзынджы -авг та ныррызт. Рудзынджы фєрсєгтєй ма цы хєлддзєгтє аззад, уыдон дымгє тилы, хойы. Хєдзар банкъуысыд. Ноджы тынгдєр къуыззитт кєнын райдыдта дымгє. Суанг ма боны дєр зилдух кодтой миты гєлєбутє уазал уєлдєфы, єрра мєлдзыджытау. Дымгє буары иннєрдєм хызти. Арв уыди хъуынтъыз, тар, мєсты, ємє мєнє ныр мит фєлдзєгъдєн райдыдта. Уад ниуы. (Цомахъ). § 5. Таурєгъон, фарстон ємє разєнгардгєнєн хъуыдыйєдтє. Хъуыдыйєдтє сє мидисмє гєсгє вєййынц таурєгъон, фарстон ємє разєнгардгєнєн. Исты уац, исты хабар цы хъуыдыйады фєрцы фехъусын кєнынц, уый хонынц таурєгъон хъуыдыйад. Таурєгъон хъуыдыйад фєзєгъынц хабаргєнєджы инто- иацийє, ома хъуыдыйады кєронмє хъєлєс фєныллєгдєр вєййы. 10
!’: Фысгєйє таурєгъон хъуыдыйады кєрон євєрынц ^стъєлф (.). Щ,- Цєвиттон: Тедо ємє Симон цєрынц фєрсєй-фєрстєм. $фимон йєхицєн бадєн скодта йє хєдзары дуармє фєйнє- джы гєбазєй. Тедо та сарєзта йє хєдзары дуармє бадєн <дуртєй. (Арсен) Фарстон хонынц, исты бафєрсыны, исты базоныны тых- хєй кєй фєзєгъынц, ахєм хъуыдыйад. Зєгъєм: Кєцы аз райгуырди Къоста? Цал азы дыл цєуы? Фарстон хъуыдыйады фєзєгъынц фарстон интонацийє, йє кєронмє хъєлєс фєбєрзонддєр вєййы. Фарстон хъуыдыйады кєрон євєрынц фарсты нысан (?). Цєвиттонєн райсєм ахєм дыуує хъуыдыйады: Бибо горєтєй нєма єрцыди? Бибо горєтєй нєма єрцыди. ; Фыццаг хъуыдыйады дзурєджы фєнды базонын, Бибо го- ;фєтєй єрцыди єви нєма, уый; ома хъуыдыйады мидисы ис :фарст. Дыккаг хъуыдыйады та дзурєджы исты базонын нє фєнды, фєлє дзы хъусын кєиы, Бибо горєтєй кєй нєма єр- цыд, уыцы хабар. Фысгєйє ацы дыуує хъуыдыйады кєд єм- ^хуызон сты, уєддєр сє раиртасєм, сє кєроны цы єрхєцєн ны- юєнттє ис, уыдонєй. Разєнгардгєнєн хъуыдыйад хонынц, исты уынаффє кєнє домындзинад цы хъуыдыйады ис, ахєм. Цєвиттон: Райсом-иу ардєм аст сахатыл єрбацу! Дунейы пролетартє, баиу ут! (Лозунг). Фесєфєд зивєггєнєг! Дєл- Азєх — къуылымпыгєнєг! Ємбєлттє, фидар лєуут! (Цомахъ) Цомут мемє царды рохмє Ємє царды ад ссарєм! Цомут, бахизєм уєлхохмє Ємє уадындзєй ныззарєм! (X ъ а м б е р д и а т ы М.) Разєнгардгєнєн хъуыдыйєдтє арєхдєр вєййынц ло- зунгты, плакатты, ємбырдты суагъєты, граждайнаг лирикон жмдзєвгєты ємє аивадон прозєйы. Таурєгъон, фарстон ємє разєнгардгєнєн хъуыдыйєдтєн зєгъєн ис хъєры интонацийє, авмє уєд уыдзысты хъєрон хъуыдыйєдтє. 13 ФЄЛТЄРЄН. Бакєсут хъуыдыйєдтє, фарстон ємє сє таурєгъон «интонацийє дзургєйє. 1. Ує къласы дыууын фондз ахуыргєнинаджы ис? 2. Нє «ъласы дыууын фондз ахуыргєнинаджы ис. 3. Бибо абон єр- 11
цєудзєн? 4. Бйбо абои єрцєудзєн. 5. Дзерассє йє рынчын ємбалмє фєкаст? 6. Дзерассє йє рынчын ємбалмє фєкаст. 7. Тєтєри дамєй хъазын зоны? 8. Тєтєри дамєй хъазын зо- ны. 9. Дыууадєс азы дыл сєххєст? 10. Дыууадєс азы дыл сєххєст. 14 ФЄЛТЄРЄН. Равзарут ємє, куыд ємбєлы, ахєм иитонацийє ба- кєсут ацы хъуыдыйєдтє. БИРЄГЪ ЄМЄ ЗЫГЪАРЄГ. — Єгас цєуай, цъєх бирєгъ! Иннє єхст ыи-иу дєлвєндаг,— — Хорз цєрай, зыгъарєг! Афтємєй-иу куы срєгъєд,— — Дысон бонмє кєм уыдтє? Хордта-иу єй адджынєн! — Дєу агурєг фєзылдтєи. — Ує, бын бауай, зыгъарєг, — Ємє мєнєй та цы кєныс? Ємє уый єз нє зоиын! — Ныртєккє дє хєрдзынєи. Ацы єппєрст дын—уєлвєидаг, —Ує бын бауай, цъєх бирєгъ, Ацы зыввытт дын — Дє фыды хєрд нє зоныс?.. дєлвєндаг!.. -Єрбайсєфай, зыгъарєг! Хуыикъмє зыгъарєг хя ![ ^ г - ныллыгъди Мє фыд та-иу куыд хордта? Ємє дзуры уырдыгєй: — Уый-иу зыгъарєг куы —Хєрз єнєсєр, цъєх бирєгъ, ’рцахста, Мє фыд дєр-иу дє фыдєй Иу єхст ын-иу уєлвєндаг,— Афтє кодта хынджылєг. 15 ФЄЛТЄРЄН. Бацамонут таурєгъон, фарстон ємє разєнгардгє- нєн хъуыдыйєдтє. 1. Гаппойы зєрдє єдзух Лубєимє дзырдта. Цы рай- гуырдзєнис Лубєйєи? Чызг єви лєппу? Уєвгє уєлдай нєу? Уый амондджыи уыдзєи. Уый цєрдзєн сєрибар дунейы. Ехх„ євєдза, цард йє гаччы сбаддзєн! Хъуамє ма дзы Гаппо йє- хєдєг дєр ацєра. (Дєбе). 2. Хєдзар байдзаг ис хъыбылы хъыллистєй. (Арсен). 3. — Замманайы кусєрттаг! Ма йє суадз лєппу! (Мєрзой- ты С). 4. — Ємє дын єз цы таурєгъ єрхєссон? (Аргъау). 5. — Бєх уадзут! Ує къухтє уєлємє. сисут ємє цєугєут! — фєхъєр ласта Муссє хъазахъхъєгтыл. — Ма йє ауадзут! Фыдбылыз сараздзєн! — сдзынєзтой устытє. Цємєн мын раластат мє хъуг? Цємєн мын фєнадтат мє мєгуыр мады? Цы уын кодта? Цємєн мын фехєлдтат мє мє- гуыр, мє сабыр цард? (Дєбе). 16 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут текст. Єрєвєрут дзы цухгонд стъєлфьь тє, фарсты ємє хъєры нысєнттє. 12
КЪАХКЪЄЛЄТТЄ Иу райсом чысыл Хаджумар райх’ъал, акасти рудзынгєй ;чзёмє цингєигє фєхъєр кодта: | — О, гыцци, мит єруарыд, мит. л Тагъд-тагъд йє дарєс йє уєлє акодта ємє дуармє ра- ,; гєпп кодта йє уєрджыты сєртєм миты афардєг. I — Баба, скъоламє ма куыд ацєуон — хъаст кєны чысыл Хаджумар йє фыдєи. — Ма мєт кєи, мє хъєбул — загъта фыд. Уый ацы райсом раджы сарєзта чысыл къахкъєлєттє. Ныр сє рахаста, скодта сє Хаджумары къєхтыл ємє йын загъ- г та: - — Араст у иыр скъоламє, ма тєрс, нал ныссєдздзынє миты. Цєуы ныр Хаджумар миты. Мит йє къєхты бын хъыс- хъыс кєны. § 6. Логикон цавд. Ныхасгєнгєйє хъуыдыйады мидєг ахсджиагдєр дзырд иннєтєй хъауджыдєр фєзєгъынц тыхджындєрєй. Цєвиттон: Дзамболат знонкинойы уыди? Дзурєджы фєн- ды базоныи, Дзамболат кинойы уыд єви єидєр искуы, — те- ; атры, йе та хъазтизєры. Уымє гєсгє дзырд кинойы зєгъы тыхджыидєрєй. Ноджы ма йє євєры зєгъииаг уыди-иы хєд размє. Дзурєджы куы фєнда базоиын, кинойы знон уыд єви уымєй размє єидєр искуы, уєд та тыхджындєрєй зєгъдзєц дзырд знон ємє йє єрєвєрдзєн зєгъинаг уыди-ны хєд раз- мє: Дзамболат знонуыди кинойы? Кєд ємє дзурєджы фєида базонын, кииойы Дзамболат уыд єви єндєр исчи, уєд та тыхджындєрєй зєгъдзєн дзырд Дзамболатп ємє йын йє хєд фєстє єрєвєрдзєи зєгъинаг уыди: Дзамболат уыди знон кинойы? Хъуыдыйады мидєг ахсджиагдєр дзырд тыхджындєрєй куы фєзагъдєуы, уєд уый хонынц логикон цавд. 17 ФЄЛТЄРЄН. Бакєсут хъуыдыйєдтє, логикон цавд хъєугє дзырд- тыл євєргєйє. Радтут хъуыдыйєдтєн фарстытє. 1. Дысон телевизормє Алан каст. 2. Дысон Алай телеви- зормє каст. 3. Алан телевизормє дысон каст. 4. Ацы сєрд нє кълас экскурсийы Садонмє цєуы. 5. Ацы сєрд нє. кълас цєуы Садонмє экскурсийы. 6. Нє кълас экскурсийы Садонмє ацы сєрд цєуы. 7. Ацы сєрд нє кълас Садонмє экскурсийы цєуы. 13
II. ДЗЫРДБАСТ ЄМЄ ХЪУЫДЫЙАД § 7. Дзырдты бастдзинад хъуыдыйады мидєг. Сєйраг ємє дєлбар дзырдтє. Дыуує кєнє фылдєр дзырды, кєрєдзиуыл исты грамма- тикон фєткмє гєсгє, баст куы уой ємє афтємєй иу предмет кєнє архайд куы нысан кєной, уєд уый у дзырдбаст. Цєвиттонтє: тулдзы сыф, зноны газет, мє удыл хєцєг,. дыуує мины онг, кєсаг ахсын (инфинитив), хъулєй хъазын,. цєргєсы каст кєнын (инф.), стъалыйау єрттивын (инф.). Дзырдбаст конд вєййы сєйраг ємє дєлбар дзырдтєи. Дзырдбасты мидєг кєй фєбєлвырддєр кєнє. кєй баххєсг кєнынц иннє дзырдтє, уый у сєйраг дзырд. Сєйраг дзырды чи фєбєлвырддєр кєнє баххєст кєны„ уыцы дзырд та у дєлбар. Цєвиттонтє: Тулдзы сыф. Сыфтє алы єрмєгєй вєййынц„ ємє нын дзырд тулдзы фєбєлвырддєр кодта дзырд сыф (гєх- хєтты сыф нє, пысырайы сыф нє, фєлє тулдзы). Хъуыдыйадєн вєййы ныххєйттєгєнєн хицєн дзырдбаст- тыл. Зєгъєм хъуыдыйад Пионер зилы таламє коид у дыуує- дзырдбастєй. Пионер зилы; ам пионер у сєйраг дзырд ємє дєлбар- дзырды зилы-иы євєры иууон нымєцы єртыккаг цєсгомы (цы ми кєны? — зилы); Зилы таламє; амтазилыусєйраг дзырдємєдзырд Тала- йы євєры арєзтон хауєны (цємє? — таламє). 18 ФЄЛТЄРЄН. Сбєрєг кєнут фарстыты руаджы, ацы хъуыдыйєдты» мидєг дзырдтєй кєцы кєимє баст у, уый ємє зєгъут, кєцы дзы у сєйраг ємє дєлбар. 1. Мигъ бады цєгаты. (Къоста) 2. Зарєг хъуысы мєнмє. (Нигер) 3. Бабызы иунєгєй баййєфта Дєхци. (Цомахъ) 4. Зєр- дєбынєй зарєг кєцєйдєр фєцыд. (Гулуты А.) 5. Цомут мемє* царды рохмє. (Хъамбердиаты М.) 6. Уалдзыгон хурмє ныр ай- вазєм не уєнгтє. (Дзанайты С.) 7. Ресы хох — хєхтєй бєр- 14
зонддєр, дардыл ныззылди уєрєх (Плиты X.) 8. Тар хъєды ас- ;тєу, стыр єрдузы, сєнєфсирты єхсєнты цєуы хъєдгєс Хетєг. (Дєбе) 9. Уыд ємбис сєрд. Хур йє зынг цєстєй сыгъта бєстє. (И. Чъавчъавадзе) 10. Дысон бонмє бафынєй ме уєнгтє иє куырдтой. (Мамсыраты Темырболат) 19 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут хъуыдыйєдтє. Раиртасут фарстыты руа- джы дзырдты кєрєдзийыл бастдзинад. Хуызєг: цы ралєууыд? — сєрд. Сєрд цы кодта? — ралєууыд. 1. Сєрд ралєууыд. Сывєллєттє дарынц цыбыр хєлєфтє.-. (Гаглойты В) 2. Леуахи лєбуры айнєг къєдзєхтєм. (Гаглой- ты В.) 3. Адєм уыдысты єлдєртты цагъар. (Секъа.) 4. Изєр- далынгтє кодта. Єнцад, райдзаст изєр уыд (Арсен.) 5. Бєстє- баталынг хєхтыл. (Цєгєраты М.) 6. Адєм хист бахордтой, ємє фєцыдысты сє хєдзєрттєм. (Бязырты Д.) 7. Куырдалєг гон бахудтис лєппуйы сєнттыл. (Булкъаты М.) 8. Бады Бар- сєг райдзаст хур бон донбыл (Джусойты Н.) 9. Бады сє хє- дзары сыгъдєтты ныхмє ємє чысыл дуртє єхсы донмє. (Джу- сойты Н.) 10. Нє фендєр йєхєдєг Челе. Челе у зєроидєй дєр« хєдзары тыхджындєр кусєг. (Єрнигон И.) 11. Ног машинє райстам къурийы размє. (Джиоты Д.) . 20 ФЄЛТЄРЄН. Фарстыты єххуысєй сбєрєг кєнут, ацы ємдзєвгєйы* мидєг кєцы дзырдтимє баст сты мивдисджытє базыдтон, хєссын, кастєн,.. федтон, ємє сє ныффыссут, цєвиттонєн зєгъгєйє, мєнє афтє: базыдток» (цы?) хуыйын. Цы рєстєг базыдтон єдєрсгє Иронау чиныджы кєсын, Уєдєй нырмє рєсугъд нывєзтєй Мє риуы царды цин хєссын. Єз кастєн Нигеры, Секъайы... Цомахъы уацмысты цєхєр Мє зонды, хурзєринау, райы. Мє хъусты зєлы «Тохы хъєр». Къостайы тугєй фыст ныхєсты Єз федтон ивгъуыд дуджы уаг. Куыд хорз, куыд кадджын дє мє цєсты,. Нє ирон мадєлон євзаг! (Чеджемты Є.) 15,
§ 8. Бабєтгє ємє домгє бастдзинад. Дзырдты єхсєн бастдзинєдтє вєййынц дыуує хуызы: дом- гє бастдзинад ємє бабєтгє бастдзинад. Хъуыдыйады мидєг сєйраг дзырд фєдомы, цємєй йє .дєлбаруєвєг дзырд уа бєрєг нымєцы кєнє бєрєг хауєны. Мєргътє тєхынц. Ам дзырд мєргътє йєхєдєг ис бирєон нымєцы, ємє йемє баст дзырд тєхынц дєр євєрд у бирєон нымєцы. Мах фыссєм. Ам дзырд мах у бирєон нымєцы фыццаг цєс- томы номивєг, ємє йемє баст дзырд фыссєм дєр євєрд у фыц- даг цєсгомы бирєон нымєцы. Хъуыдыйады мидєг цалдєр дзырды кєрєдзиимє афтє баст куы уой ємє сє иу иннєйы йє дєлбар куы кєна, уєд ахєм баст- дзинад хонынц домгє бастдзинад. Хъуыдыйады мидєг кєрєдзиимє баст вєййынц ємсєр ємє ємбар дзырдтє дєр. Зєгъєм: Сєгътє ємє фыстє сєрвєты хизынц. Дзырдтє сєгътє, фыстє ацы хъуыдыйады кєрєдзиимє баст сты бєттєг ємє-иы руаджы. Дыуує дєр сты сєрмагонд дзырд- тє, ємє сє иу иннєйы єндєр хауєны нє євєры. Дзырд хизынц дєлбар у иннє дыуує дзырдєй алкємєн дєр: сєгътє хизынц, фыстє хизынц. Хъуыдыйады мидєг цалдєр дзырды кєрєдзиимє афтє баст куы уой, ємє сє иу иннєйы дєлбар куы нє уа, уєд ахєм баст- дзинад хонынц бабєтгє бастдзинад. 21 ФЄЛТЄРЄН. Ацы хъуыдыйєдты равзарут, кєм дзы ис бабєтгє бастдзинад ємє домгє бастдзннад. 1. Кєсаг, хєфс ємє цъиусур денджызєй ластой иу дур. 2. Бирєгъ, арс ємє рувас иумє цуаны хаттысты. 3. Беджызаты Леуан стыр аивєй кодта кадджытє ємє таурєгътє. 4. Мурат йє хорз куысты тыххєй лєвар райста патефон ємє пластинкє- тє. 5. Грамматикє дих кєны морфологи ємє синтаксисыл. 6. Райдайєн скъолайы сывєллєттє базонынц кєсын, фыссын ємє нымайын. 7. Тагъд дон фурды не ’ййафы. 8. Дардыл азил ємє дє хєдзар ссарай. 9. Леуахи ємє Чысаны дон сты Хуссар Ирыстоны стырдєр дєттє. 10. Фєскуыст хъазын ємє худын фєллад сурынц. 22 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы хъуыдыйєдтє дыуує къордєй. Иуы дзы дзырдтє бабєтгє бастдзинадєй баст кєм уой, иннєйы — домгє бастдзи- надєй. 1. Хасанєн, Уанайєн, Будзийєн, Зурапп ємє мах лєппуйєн сєхи хибардарєн нєй. (Джусойты Н.) 2. Євзист фадгуытєй єрттивы райсомы кєрдєг. (Цєгєраты М.) 3. Хъаматє хур- 16
%є єрттивєнтє калдтой сыгъдєг євзистау. (Фєрнион) Щ. Симє ємє Мисурєт єнхъєлмє кастысты се ’фсымєрмє. ЩБязырты Д.) 5. Ставд єртєхтє єрбазгъєлдысты хєдзєрттыл. }(Дєгєраты М.) 6. Къанцылары ма баззадысты Уана, Бардзин йемє Сандо. (Джусойты Н.) 7. Дардєй єрттывтой хєхтє. Ь(Джиоты Д.) 8. Дзыхєлвєст ємє парахат зєрдєйє ныхас райдыдта Сырхауты Цєрай. (Фєрнион) 9. Дзєбидыр зєххыл нал хєцы. (Дзесты К) 10. Єхсар базыхъхъыр кодта йє уаты дуар. (Бекъойты Е.) 23 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы фєлтєрєи. Бахахх кєнут ємбаст дзырд- ты бын. Зєгъут, цємє гєсгє баст сты. X у ы з є г: Хурзєрин арвыл стылди бєрзонд. (нымєц ємє цєсгоммє гєсгє баст). 1. Хурзєрин арвыл стылди бєрзонд. (Секъа) 2. Пырхытєй фєцєйтахт хърихъуппыты бал. («Мах дуг») 3 Єрцєйєввахс кодта ног аз. Ахуыры азы ємбис фєуд кодта. (Нига) 4. Авд бо- ны фєстє бахєццє стєм Хъазбегмє. 5. Євиппайды фєцыд гє- рах. Немыцєгтєй иу йє хємхудтє зєххыл афсєрста. (Дєбе) 6. Темыр цырд къахдзєфтєй ацыд сєхирдєм. (Бекъойты Е.) 7. Сыхы сылгоймєгтє иукъордєй суг хєссынмє ацыдысты. (Бе- къойты Е.) 8. Айтег фєцєйцыд къанцылармє. (Гєбулты М.) 9. Кєдємдєр цыдис зєронд лєг. (Аргъау) 10. Фысым уазєджы фєрцы фєцєл кодта. (Ємбисонд). § 9. Домгє бастдзинады хуызтє. Ємбаст. Сєйраг дзырд ємє дєлбар дзырды єхсєн бастдзинад вєййы єртє хуызы: ємбаст, ємарєзт ємє єфтыдад. Сєйраг дзырд йє дєлбаруєвєг дзырды йєхи нымєцы ємє цєсгомы куы февєры, уєд ахєм бастдзинады хонынц ємбаст. Ды къахыс, уыдон къахынц. Ам иууон нымєцы дыккаг цєс- гомы номивєг ды йє дєлбаруєвєг мивдисєг къахын-єн домы, цємєй уый дєр уа иууон нымєцы дыккаг цєсгомы: къахыс. Єртыккаг цєсгомы бирєон нымєцы уыдон йє дєлбаруєвєг мивдисєгєй домы, цємєй уый дєр уа бирєон нымєцы єртыккаг цєсгомы: къахынц. Нє цєвиттоны алы дыуує дзырды дєр ємбаст сты иу ны- мєц ємє иу цєсгомы. Єртыккаг цєсгомы номивєджы бынаты номдар куы бавє- рєм, уєд уыцы номдар дєр домдзєн, цємєй йє дєлбаруєвєг мивдисєг уа єртыккаг цєсгомы, ємє стєй йєхєдєг кєцы ны- мєцы уа, уыцы нымєцы. Уый фыссы —Аслан фыссы. Уыдон фыссынц— Скъола- дваупме фыссынц. 2. Бязырты А. !7
24 ФЄЛТЄРЄН. Равзарут сєйрат ємє зєгъинаджы єхсєн бастдзииа- ды хуызтє. 1. Пионертє экскурсийы музеймє фєцєуынц. 2. Кусджытє хєдзары бынат къахынц. 3. Євдєм къласы командє баскетбо- лєй єхсєзєм къласы командєйы амбылдта. 4. Сєдє метрмє азгъорынєй єз бацахстон фыццаг бынат. 5. Ды ма-иу театрмє рацу. 6. Читє сты уыдон? 7. Уыдон кємє дзурынц? 8. Сау хъє- дєй разынди Єфхєрдты Хєсанє. (Къубалты А.) 9. Арв ирдєй лєууыди. (Е. Ниношвили.) 10. Євзист фєрдгуытєй єрттивы райсомы кєрдєг. (Цєгєраты М.) 11. Єз дєн ує колхозмє аг- рономєй єрвыст. (Гафез) 25 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы текст, дзырдтє къєлєттєй уєгъдгєн- гєйє, ємє сє ємбасты руаджы кєрєдзиимє бєтгєйє. Мах (фыссын). Уый (худын). Трактортє (хуым кєнын). Богалтє (хъєбысєй хєцын). Денджыз (фєйлауын). Къєвда (уарын). Мєнєутє (бур дарын). Ды (хос кєрдын). Колхозов (нартхор тонын). 26 ФЄЛТЄРЄН. Ацы хъуыдыйєдтєй сфыссут ємбаст дзырдты. 1. Сала йє дзыхєй иєгъды зилгє кафт. (Фєрнион) 2. Дауыг йєхи дзыхєй радзырдта йє хъуыдытє. (Дзуццаты X.) 3. Адєм дзыхєй-дзыхмє айстой зарєг. (Джусойты Н.) 4. Євиппайды фєлєууыд йє бынаты Хъарадзау. (Плиты И.) 5. Цалдєр къах- дзєфы ныууад Тотырадз ємє дзыхълєуд фєкодта. (Хацыр- ты С) 6. Хєлуарєг йє дзыхыдзаг єхсызгон худт ныккодта ємє лєппуйє єппєлынтє систа. (Аргъау) 7. Хъази кєрдо уайтагъд йє дзыхы фєцавта ємє дзы скомдзаг кодта. (Газетєй) 8. Зинє„ фыййаг бєрзонд сисгєйє, фєзылд фєстємє. (Нига) § 10, Ємарєзт. Сєйраг дзырд йє дєлбаруєвєг дзырды искєцы бєлвырд хауєны кєм февєры, ахєм бастдзинад хонынц ємарєзт. Сывєллон бавнєлдта ниныгмє. Ам мивдисєг бавнєлдта йє дєлбаруєвєг дзырдєй домы, цємєй уый уа арєзтон хауєнв^ євєрд: цємє бавнєлдта? — Чиныгмє. Уый сфєлтєрд кусыныл. Сєйраг дзырд сфєлтєрд домы йє дєлбаруєвєг дзырдєй, цємєй уый уа єддагбынатон хауєны: кусыныл. Єртє лєджы. Сєйраг дзырд єртє євєры иннє дзырды гуырынон хауєны: лєджы. 18
;.;’•¦’ Хъуыдыйады мидєг ємарєзты руаджы арєхдєр баст єр- цєуынц мивдисджытє фєрссаг хауєнты номдартимє. 27 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы текст, дзырдтє къєлєттєй уєгъдгєн- гєйаг, ємє сє кєрєдзиимє ємарєзты руаджы бєтгєйє. Хъєууон хєдзарады равдыст (фенын) бєллыдтєн. Къєвда єрбацєуы, ємє кусджытє архайынц хос (ассивын). Кинойы фембєлдтєн ме (ємбал). Хъєддзау фєтарст (арс). Скъоладзау рацыд (скъола). Авд (пионер) ныв кєнынц. 28 ФЄЛТЄРЄН. Ацы тексты бацамонут ємарєзтєй баст дзырдтє. Бирє азты дєргъы бєстєйєн хицауиуєг кодтой паддзах, помещиктє ємє капиталисттє. Уыдон цъырдтой кусєг адємы туг. Кусджытє ємє зєхкусджытє уыдысты гєвзыкк ємє єх- хормаг. Ныр хицаудзинад бафтыд адємєн сєхи къухты. Сєх- хєст фєллойгєнджыты єнусон бєллиц. Кусджытє ємє зєх- кусджытє систы бєстєйы хицау. Паддзахадєн уынаффє бай- дыдтой кусджытє ємє зєхкусджыты депутатты Советтє. Арєзт єрцыд кусджытє ємє зєхкусджыты фыццаг хицауад. Хицауа- ды сєргълєууєгєй євзєрст єрцыд Ленин. 29 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы хъуыдыйєдтє. Ємарєзтєй баст дзырд- ты бын бахахх кєнут. Зєгъут, цавєр ныхасы хєйттє сты, уый. 1. Бады арты фарсмє Чито. (Фєрнион) 2. Хур йє тынтє єрбатыхта зєххы хъєдгємттыл. (Аситы Р.) 3. Лєппу лєууыд « йє бынаты ємє єнхъєлмє каст дарддєры командємє. 4. Тур- кагєн йє дзыхы къєрмєг тъыст уыд ємє йє дзурын нє уыд. (Джусойты Н.) 5. Лєппу систа хиталєг ємє йє батъыста иу куклєйы хъусы. (Аргъау) 6. Айдагъ дзыхы ныхас ахуыры хосєн нє бєззы. (Тыбылты А.) 7. Хєлынєй хуыд сывєдєг дын фє- дардтон дыуує азы. (Нига) 8. Лидзєг адєм байдзаг сты хохрє- бынты. (Бекъойты Е.) 9. Маймули йє дзыхы акодта кєрдзыны фєстаг къєбєр ємє алыгъди. (Аргъау). § 11. Єфтыдад. Дєлбаруєвєг дзырд, йє формє єнєаивгєйє, сєйраг дзыр- димє єрмєст хъуыдыйє баст куы вєййы, уєд ахєм бастдзинад хонынц єфтыдад. Заргє фєцєуынц. Дзырд заргє ємбарын кєны дзырд фє- цєуынц-ы. Куыд фєцєуынц? — Заргє. Мивдисєг ифтындзєг 19
кєны, фєлє фєрссагми заргє йє формє нє ивы заргє фє- цєуы, заргє фєцыдис, заргсе фєцєудзыстут. 1. Єфтыдады руаджы баст вєййынц мивдисджытимє фєрс- дзырдтє ємє фєрссагмитє: тпагъд кусынц, лєугсейє дзу- рынц. 2. Миногонтє, нымєцонтє, миногмитє ємє номивджытє хъуыдыйады мидєг цы номдары бєрєг кєнынц, уыимє баст вєййынц єфтыдады руаджы: ныллєг хєдзар, дєсєм аз- мє, сасщ рєхыстпєй, мє ниныгыл. (Номдар куыдфєнды ивєд, уєддєр йє размєлєууєг бєрєггєнєг дзырд йє формє лєивы). 30 ФЄЛТЄРЄН. Равзарут ємбаст ємє єфтыдады бастдзинєдтє. 1. Уазджытє фысымєн раарфє кодтой. 2. Хєххон колхозтє фос дарынц. 3. Єз афоныл рафыстон газеттє. 4. Фєндзєм брига- дєн нартхор тоныны ерысы лєвар радтой. 5. Єхсырджын хъуг даринаг у. 6. Дунейы адємтє тырнынц хєлардзинадмє. 7. Сове-, тон адємтє тох кєнынц дунейы адємты єхсєн хєлардзинад сфидар кєныныл. 8. Уєлахиз уєнт фидыдады хъахъхъєнджытє! 9. Єхсар бацард цъєх дурєй арєзт хєдзары. 10. Хєлд хид но- гєй сарєзтой. 31 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут єфтыдады амалєй баст дзырдтє. 1. Рухсмє єнєзивєг цомут єнгомєй. (Къоста) 2. Хєхты урс цъуппытє талынджы хуыссынц. (Иигер) 3. Бєрзонд урс хєхтєй, єгомыг тигътєй фєсырдта дымгє єнтъыснєг мигъты. (Гулу- ты А.) 4. Хъєуы зєронд лєгтє-иу, ныхасы єрємбырд уєвгєйє, сабыргай тєрхєттє кодтой. (Дєбе) 5. Ахуырдзинадмє бєлгєйє, Цєлыкк уыцы єхсєв фырцинєй кєрдзын дєр нал бахордта. (Боциты Б.) 6. Мєй ныхасы бєлєстєн сє иу фарс рухсгєнгє єрцыди цъуппытєй зєххырдєм. (Арсен) 32 ФЄЛТЄРЄН. Саразут схемєтє ацы хъуыдыйєдтєн мєнє ахєм схемємє гєсгє. 20
єфтыдад ємбаст ємарєзт цавєр? цы ми кєны? Рог дымгє ємбаст кєцєй? улєфы комєи цы ми кєнынц? * єфтыдад куыд? цы мигєнгє? ¦ ’• ч ємарєзт Уыдон заргє фєцєуынц кєдєм? быдырмє. 1. Советон Цєдис хъаруджын паддзахад у. 2. Советон адєм- тє аразынц коммунизм. 3. Уєрєх фєндєгтє адаргъ сты. 4. Фєз- зыгон уазалєй сыфтєр згъєлы. 5. Ног хєдзєрттєм абон цєрджытє балыгъдысты. 6. Колхозон балхєдта телевизор. 7. Пионертє схастой фондз роды. 8. Євзонг мичуринонтє ныс- сагътой талатє. 9. Нє литературон къорд рауагъта къулы газет. 33 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы хъуыдыйєдты. Ссарут дзы ємбаст дзырдты ємє єфтыдады руаджы баст дзырдты. 1. Дадайы баййєфта уынджы бєласы бын бадгє. (Гаг- лойты В.) 2. Рог цыдєй уадысты Бесойы бєхтє сосє фєндагыл. 3. Цєстыфєныкъуылдмє фєаууон сты. (Цомахъ) 4. Къєйдуртє, євзистау, тємєнтє калдтой. (Дзугаты Г.) 5. Цъєхсєр къє- дзєхтє хурмє єрттывтой. (Секъа) 6. Мєнє дын дзєбидыры фєрск єд сыкъа. (Аргъау) 7. Сабитє єнє ’ркастєй тєригъєд сты. (Бязырты Д.) 8. Тєссар фєндагыл урс фос ныххал, цыма цъалайы євзист донау ныссалд (Гафез.) 9. Солымы ацыды фєс- тє мєты ныххаудта Булатыхъо. (Гаглойты В.) 10. Ахєм єгады єфхєрд єй никуыма ничи бакодта, ємє лєппу бынтондєр фе- сєфта йе ’нцойад. (Гаглойты В.) 21
III. ХЪУЫДЫЙАДЫ СЄЙРАГ ЄМЄ ФЄРССАГ УЄНГТЄ ДЫУУЄ СЄЙРАГ УЄНДЖЫ КЄМ ИС, АХЄМ ХУЫМЄТЄГ ХЪУЫДЫЙЄДТЄ § 12. Цавєр ныхасы хєйттє вєййынц сєйратєй. 1. Хъуыдыйады мидєг сєйратєй арєхдєр вєййынц ном- дартє ємє номивджытє номон хауєны євєрдєй. Адємтє (номдар) тырнынц фидыдадмє. Мах (номивєг) аразєм коммунизм. Чи (номивєг) фєцєуы? 2. Хъуыдыйады сєйратєй вєййынц миногонтє, нымєцон- тє, инфинитивтє, миногмитє ємє єндєр ныхасы хєйттє дєр, номдары нысаны сє куы фєдзурєм, уєд. Скъолайы кєрты стпыртпє (миногон) футболєй хъазынц. Ам миногон стыртє ис дзырдбаст «стыр скъоладзаутє»-иы бє- сты, ємє домгє дєр кєны номдары фарст чи? Чи хъазы? — Стыртє. Иуєн дыуує (нымєцон) єфсад. Нымєцон дыуує ам ис дзырдбаст «дыуує лєджы» бєсты, нысан кєны предметтє, ома дзурєм єй номдары нысаны, ємє домгє дєр кєны фарст чи? Чи у иуєн єфсад? — Дыуує. Музеймє бацєуджытпє (миногми) дис кодтой рагон мигєнєнтыл. Ау (євастхъєр) дыуує лєгєн хылы хос. Ахєры- нєй анхъєлмє ксесын (инфинитив) хуыздєр у. 3. Хъуыдыйады ма сєйратєй вєййынц дзырдбастытє дєр. Зєгъєм, нымєцон ємє гуырынон хауєны євєрд номдар, номдар ємє ма цєдисон хауєны євєрд номдар ємє афтє єндєр ныхасы хєйттє. Єртпє ногдзауы ацыдысты ємбырдмє. (Плиты Г.) Ам зє- гъинаг ацыдысты хауы єртє ногдзаумє, уый тыххєй нымєцон єртє ємє номдар ногдзауы иумє уыдзысты сєйрат. Мах уыимє ивгє бакодтам нє фатертє. (Дєбе) Хетєг 1оджиимє кєртмє куы ацыдысты. (Къоста) Скъолйдзау- тпєй дыуує райстой премитє. Цал пионеры куыста абон цєхєрадоны? Бирє адєм уыд хъазтизєры? 22
Фиппаинаг. Зєгъинаг дзырдбасты алы дзырдмє куы нє хауы, уєд уыцы дыуує дзырдєй иу сєйрат уыдзєн, иннє та єххєстгєнєн. Кафынтє та байдыдта Хетєг Залинаимє. (Къоста) Ам зєгъинаг кафын- тє байдыдта ис иууон нымєцы ємє хауы єрмєст Хетєгмє, уый тыххєй ам сєйрат у єрмєст Хетєг. 34 ФЄЛТЄРЄН. Бацамонут, сєйрєттє цавєр ныхасы хєйттєй арєзт *ггы, уый. 1. Єнтєф бон аууоны бадын зєрдєйєн єхсызгон вєййы. 2. Пыхсы астєуєй цыдєр унєргъын райхъуыст. 3. Скъолайы кєрты иу къуымы чысылтє гєппытє кєнынц. 4. Стыртє та кєр- ты астєу баскетболєй хазынц. 5. Уыдон хъуамє районы олим- пиадєйы хайад райсой. 6. Чи ма дзуры? 7. «Мехъ» кємдєр фєцыд. (Къоста) 8. Фидары мад нє куыдта. (Ємб.) 9. Донласт хуылыдзєй нал тєрсы. (Ємб.) 10. Голладжы зєронд къуымы єппєрст. 11. Цыппарыссєдз уазєджы Солтаны хъєуєй уым лєууыдысты. (Къоста) 12. Урсзачъе зєронд лєг Дзанайты Тох- ти адємы єхсєнєй фестад. (Секъа) 13. Нары хъєу Уєлладжы- ры комы ис. 35 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут хъуыдыйєдтє, бавєрут сє цухгонд сєйрат {къєлєтты мидєг амынд ныхасы хєйттєй). 1. Хъєды сєрмє (номдар) зилдух кєны. 2. Єртєйыл єх- хєстєй дих кєны (нымєцон). 3. Фєстаг бонты нє (миногон) фєдзєбєхдєр. 4. Адєймагєн (инфинитив) стыр хъыг кєны. 5. Дугъы уайынєй (номдар цєдисон хауєны номдартимє) фыццаг бынат бацахстой. 6. Не скъолайє (нымєцон номдари- мє) Цъєймє экскурсийы ацыдысты. 36 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы хъуыдыйєдтє. Бахахх кєнут сєйраг уєнгты бын. Сєйрєтты сєрмє єрфыссут, цавєр ныхасы хєйттє сты, уый. 1. Иунєгєй баззадис Марине йє сидзєртимє. (Цомахъ) 2. Хорз бєх йє мард хъєугєронмє хєссы. (Ємбисонд) 3. Єв- зєргєнджытє боныгон зылдысты уынгты. (Арсен) 4. Хъєууон- тє ма бадтысты сыхгай. (Алхазты 3.) 5. Євзєр быныл зайы. (Ємбисонд) 6. Хистєртє арфє ракодтой. 7. Нуєзт кєнын зиан у адєймагєн. 8. Дыууын дих кєны дєсыл. 9. Фос сє ри- вєд ныууагътой. 10. Мах стєм коммунизмы аразджытє. 11. Дыу- ує лєппуйы цыдысты сындєггай хъєумє. (Бєдоаты Хъ.) 12. Кусын худинаг нєу. Куыст номгєнєг у. (Бесаты Т.) 13. Мє- гуыртє абон сєрибар, семє сєрибардєр фырт. (Зєгъой- ты С.) 14. Сидзєр мєгуыр у. (Ємбисонд) 15. Чидєр асинтыл уырдыгмє фєцєйуад ємє фєкалд. (Нига) 16. Єдылы йе ’ды- ^лыйє мєгуыр вєййы. (Ємбисонд) 23
§ 13. Хуымєтєг ємє вазыгджын зєгъинєгтє. Зєгъинєгтє се скондмє гєсгє, ома цалгай дзырдтєй арєзт сты, уымє гєсгє, вєййынц дыуує хуызы: хуымєтєг ємє вазыгджын зєгъинєгтє. Хуымєтєг зєгъинаг конд вєййы иу дзырдєй, хуымєтєг мивдисєгєй. Цєвиттонтє: Ємбырд райдыдта. Мурат горєтмє раджьс ацыдаид. Кєдєм фєцєуыс? Нартхоры хуым афоныл ба- рув. Вазыгджын зєгъинаг конд вєййы дыуує вденє єртє дзырдєй. Цєвиттонтє, Дє бон хорз уа,хорз чызг. (Секъа) Пиран стъолы фарсмє бадти ємє цыдєр хъуына чингуытє рафєлдах-бафєлдах кодта. (Секъа) Аким уарыны єртєхты дзєгъ-дзєгъмє рє- дзє-мседзє кодпа. (М. Шолохов) Йе та арєвдз кєн дє фєндаг. (Хъамбердиаты М.) Хєринаг кєнынмє дєсны нсе дєн. 37 ФЄЛТЄРЄН. Бакєсут хъуыдыйєдтє, ссарут дзы хуымєтєг ємє- вазыгджыи зєгъннєгтє. 1. Єхсарджын дуджы равзєрди нє фєлтєр! (Гафез) 2. Би- рє нє фєныхас кодтай! (Дєбе) 3. Ныллєууыди рувыны афон дєр. (Цомахъ) 4. Базмєлыдысты та нє алыварс алыхуы- зон халсєрттє. (Цомахъ) 5. Єрбадти пъырыстыф фєстємє йє бынаты. (Арсен) 6. Йє зєрдыл єрлєууыдысты знонизєры митє ємє хєрдзтє. (Арсен) 7. Хур йє хъарм тынтє єрвыста зєхмє. (Бесаты Т.) 8. Йє сабийы бонтєй нырмє Аксо фиййа- уєй схъомыл ацы єрдузты. (Бесаты Т.) 9. Будзийы ныхєстыл Аслємбег ногєй ныхъхъуыды кодта. (Санаты У.) 10. Темсыр хинымєры бацин кодта. (Арсен). 11. Уєртє хъєр кєны баба„ (Нигер). 12. Дурты мєсты цєф ныккєны. (Плиты X.) 13. Афон- мє дзугтєй ує сєрмє сынтытє зилдух кєнынц. (Плиты X.) 14. Ныр тынг хъыг кодта Мысост. (Цомахъ) 15. Комаидирєн радзырдтон мє фєндон. (Дєбе) 16. Кадджын Ленииы хъомыс- джын парти махєн цардмє уєрєх фєндаг радта. (Плиты Г.) 17. Дудар йєхи номєй ємє йе ’мбєлтты номєй арфє ракод- та фысымтєн. (Санаты У.) 18. Куыд бєрзонд фєцыди Бур- хох! (Хъуылаты С.) 38 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут текст. Хуымєтєг зєгъииаджы бын раст хахх бакєнут, вазыгджын зєгъинаджы быи та — улєн хахх. Иу бєрєгбон райсом Дєхци нал фєлєууыди. Мысост та фєлладєй хуыссыд. Бабыз дзуццєгєй хъуг дыгъта кєрты ас- тєу. Дєхци йє дзаумєттє акодта ємє арасти хъєугєрон фєс- фєдты быдырмє. Астымыл ахызти. Хуымты фєндагыл фєцє- 24
уы. Уалдзыгои уддзєф ыл атыхстис ємє йєм хъєлдзєгєй хъазын байдыдта. Акасти уєзєгєй. Дард хъєдбынтєм сау дардта ногконд колхозон хуым. «Уый єцєг адємы фарн уг гъе», — ахъуыды кодта Дєхци. (Цомахъ). § 14. Вазыгджын зєгъинєгты сконд. Тире вазыгджын зєгъинаджы. Вазыгджын зєгъинєгтєй иутє арєзт вєййынц мивдисджы- тєй, иннєтє та — номон дзырдтєй (намдар, миногон, нымє- цон ємє єндєртєй) бєттєнимє. Мивдисджытєй арєзт вазыгджын зєгъииєгтє ємє номон дзырдтєй арєзт вазыгджын зєгъинєгтє кєрєдзийє хицєн кє- нынц сє нысаниуєгєй дєр ємє сє формєйє дєр. Мивдисджытєй арєзт вазыгджын зєгъинаг сєйратєн фєд- моны йє архайд ємє фєдомы фарстытє: цы ми кєны? цы кєны? цы кодта? Цєвиттонтє: Дрис хуым кєны. Надо єнхъєлмє кє- сы. Нє фєткъуы срєгъєд ис. Габо фыссын райдыдтпа. Номон дзырдтєй арєзт вазыгджын зєгъинаг сєйратєн фєамоны йє миниуєг, йє уавєр кєнє цы предметы мыггаг у, уый ємє фєдомы фарстытє: цавщр у? цы у? куыд у? цал сты? Цєвиттон: Ацы фєткъуы рєгъсед у. Тулдз бєлас у. Назо дирекгпор уаид. Бєлццєттє єртпє стпы. Уєртє уый Аксо у. Номон дзырдтєй арєзт вазыгджын зєгъинаг конд вєййы номои хай ємє бєттєнєй. Бєттєн хъєуы зєгъинаджы сєйра- тимє сбєттынєн ємє амоны афонтє ємє здєхєнтє. НОМОН ХАИ ємє БЄТТЄН уєвын Вазыгджын зєгъинєгты номон хаимє бєттєнєй балєууы мивдисєг уєвын. Цєвиттоитє: Хазби тракгпористп (номон хай) уыдаид* (бєттєн). Мыртгє зайєгой (номон хай) у (бєттєн). Нє дыргъдон уалдзєджы рєсугъд (номон хай) вєййы (бєттєн). Бєлццєттє цыппар (номон хай) сты (бєттєн). Дохтыр дєн єз. (Дєбе) Ды се ’мбал нє дє. (Къоста) Цы хосдзау уыдтпєш (Къоста) Фиййау дєр дєн. Нє фєз- зєг куыстпєн у. (Къоста) Фиппаинаг. Батрадз стадионы уыди. Ам уыди зєгъинаг у (йє бєсты ис зєгъєн лєууы, бады, хъазы). Батрадз директор уыди. Ам та уыди єрмєстдєр бєттєн у: амоны, директорєй ивгъуыд рєстєджы кєй: уыди, уый, ємє зєгъинаг сты дыуує дзырды иумє: директор уыди. Аф- тє мивдисєг уєвын куы зєгъинагєй вєййы куы та єрмєст бєттєнєй. 25
Поэтикон ныхасы єргомон здєхєны мивдисєг уєзын-єй конд бєттєн хатгай цухгонд єрцєуы, ємє уєд йє бєсты євє- рынцтире (—). Куыст — цардєн фєрєз! (Къоста) Ам рауагъдєуыд бєг- тєн у (Куыст у цардєн фєрєз!) Нє хуссєрттє цъєх. (Къоста) Уагъд дзы єрцыд бєттєн сты. (Нє хуссєрттє цъєх сшы.) Ныр дєр єй мысы: кємєн-иу — дондзау, кємєн — сугсєттєг. (Се- къа) Уагъд дзы єрцыд бєттєн уыди. (Кємєн-иу уыди) дон- дзау, кємєн уыд и сугсєттєг). 39 ФЄЛТЄРЄН. Бакєсут хъуыдыйєдтє, бацамонут вазыгджын зє- гъинєгты номон хай ємє бєттєнтє. 1. Сослан иннє аз дохтыр уыдзєн. 2. Дє бон хорз уєд! 3. Льгов у стыр быдираг хъєу. (И. Тургенев) 4. Ломоносов уыд стыр уырыссаг ахуыргонд. 5. Нєзы хъєдтє сты нє хєхты фи- дыц. 6. Зымєгон бон хєрз цыбыр вєййы. 7. Суєрттє зымєджы уазєлтты дєр салд нє вєййынц. 8. Дари быдєн кєй уафынц, уый мє ронєн куы уаид. (Зарєг) 9. Єз євдєм къласы ахуыр- гєнинаг дєн. 10. Ды абон мє хъєбул фестадтє! (Аргъау) 40. ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут, вазыгджын зєгъинєгтє кєм ис, уыцы хъуыдыйєдтє. Вазыгджын зєгъинаг цы хєйттєй конд у, уый йын йєфарс- мє къєлєтты мидєг ныффыссут. Цєвиттон мєнє афтє: Дунейыл фыццаг космонавт Юрий Гагарин (ном. хай) уыди (єхх. мивдис). 1905—1907 азты Уєрєсейы революцийы уылєнтє єрба- хєццє сты Ирыстонмє дєр. Фєзындис революцион разамон- джытє ирон адємы єхсєн. Уыцы рєстєджы фєзындис бирє героикон зарджытє. Сє зынгєдєртєй иу у «Дриаты Антъоны зарєг». Антъон царди Хуссар Ирыстоны. Чысаны фєллойгєн- дрсыты йє алыварс єрємбырд кодта ємє тох кодта єлдєртты «ємє бынєттон хицєутты ныхмє. Уыцы тохы фємард Антъон .ємє йыл адєм сарєзтой зарєг. (Г а б ы с а т ы А.) 41 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы текст. Бахахх кєнут хуымєтєг зєгъи- яєгты бын. Зєгъут, цємєй арєзт сты. 1. Єфсад єрєнцад быдыры. (Арсен) 2. Фєхабар кодтой иннє бон чидєртє станцмє єнамонды тыххєй. (Цомахъ) 3. Ємбырд йє тємєны бацыд. (Газетєй) 4. Рувас иттєг хин у. Хъєддаг лыстєг сырдты ємє мєргъты ахсы ємє хєры. (Мамыттаты С.) 5. Сыстадысты хъєуы хорз лєгтє. (Арсен) 6. Адєм лєууыдысты єнкъардєй. (Арсен) 7. Бєстє баталынг. (Цєгєраты М.) 8. Бон нырма ныр байдыдта цъєх кєнын. 26
^Хъуылаты С.) 9. Єхситт кєнын. Лєдзєгєй євзидын фосмє. ^(Цєгєраты М.) 10. Дыуує євзонг лєппуйы цыдєр сусу-бусу .ткєнынц ємє мєм кєсынц. (Белиашвили А.) 11. Таймуразєн •фиййєуттє сє дзыхы къєбєртє дєр никуы бахєлєг кодтой, никуы йє асхуыстой. (Гаглойты В.) 42 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы хъуыдыйєдтє. Вазыгджын зєгъинєг- ты бын бахахх кєнут. Бацамонут, цавєр ныхасы хєйттєй арєзт сты. 1. Дохтыр зын ссарєн уыд. 2. Нана хуысгє кєны. (Арсен) 3. Адєм фєминас кодтой. (Секъа) 4. Адєм сє хъустє ацєттє кодтой хъусынмє. (Арсен) 5. Бады Лексо ємє хъуыдытє кє- ны. Дуар чидєр фегом кодта. (Арсен) 6. Джанаспийы царды- уаг євзєрєй-євзєрдєр кодта. (Арсен) 7. Устытє дыууєрдєм рауай-бауай кодтой хъєуы уынгты. (Хъайтыхъты Г.) 8. Хъєу- советы уынгєй єрбагєпп кодта иу сау єндєрг. (Цєгєраты М.) 9. Де ’взєр єнгуылдз цы ныхъхъил кодтай! (Чехов) 10. Дє дзыхєй мыд фєхєр, Хъуырман, єз дєр раст ууыл хъуыды код- ;тон. (Джусойты Н.) 11. Хъарадзау Хуыбылонмє фєкєс-фє- кєс кодта. (Плиты И.) 12. Зєрєдтє дзырдєппарєн кодтой лєппутєм. (Фєрнион) 13. Хєринаг сцєттє ис. (Дзесты К) 43 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы хъуыдыйєдтє. Вазыгджын зєгъинєг- : ты бын бахахх кєнут. Тирейы сєрмє єрфыссут къєлєтты, цы бєттєн дзы у уагъдгонд, уый. 1. Мє дзыргъа — дыдєгътє, єфсєн нєу єндон. Мє рє- тєн — єндєхтє, Гєрзбєндєны ’фсон. (Секъа) 2. Де ’фсєн, дє дзыргъа — єндонєй. Хъармєн хъєдєй — дє ингєн. (Се- къа). 3. Афтид уидыг был тонєн. (Ємбисонд) 4. Алы куыс- тєн — рад. Дзидзидайєн — мад. (Къоста) 5. Нє зонд — цы- быр, мєгуыр нє зєрдє, єдых фєллад лєгау нє дзырд. (Къос- та) 6. Хъєубєстєй — хъоди. Ємгєрттимє — сырд, Ныхасы — ;Гоби. Нє мє хауы дзырд. (Къоста) 7. Хорз хъєу у Къамат. (Арсен) 8. Нє зымєг — зындон, Нє кємттє — зєйуат. (Се- къа) 9. Євзєр єфсины къєбиц — хєлєттаг. (Ємбисонд) 10. Карчы «хъихъхъ» рувасєи — куадзєн. (Ємбисонд). § 15. Номон дзырдтєй арєзт вазыгджын зєгъинєгтє. 1. Вазыгджын зєгъинаджы номон хайывєййынц номдартє, арєхдєр номон хауєны, стєм хатт та — иртєстон ємє дєт- тынон хауєны. Вано комбайнер у. Иунєг ємбалєн ын уыд йє къуы- бырхъус куыдз. Заретє Габаншєй у. Мєнє цы хуызєн лєг сси! 27
2. Вазыгджын зєгъинаджы номон хайы вєййынц миногон- тє, нымєцонтє, номивджытє, миногмитє ємє єндєр ныхасы хєйттє. Дайраны ком нарєг (миногон) у. Бєлццєттє фондз (ны- мєцон) уыдысты. Цыргътє ныр шонинаг (миногми) сты? Дє- лє уыцы скъола мах (номивєг) у. Уырдєм єввахс (фєрс- дзырд) уыдзєн. Фиппаинєгтє: 1. Номон дзырд цы зєгъинаджы сконды вєййы, уый хонынц номон вазыгджын зєгъинаг. 2. Морфологийы иомон дзырдтє хонынц номдар, миногон, нымєцон ємє номивєг, фєлє вазыгджын зєгъинаджы номон хайы миногми,. фєрсдзырд кєнє єндєр ныхасы хай куы вєййы, уєд ахєм зєгъинаджы дєр фєхонынц номон вазыгджын зєгъинаг. 44 ФЄЛТЄРЄН. Бацамонут сєйрат ємє номон дзырдтєй арєзт ва- зыгджын зєгъинєгтє. Раиртасут, цавєр ныхасы хєйттєй конд сты вазыг- джын зєгъинєгтє. 1. Куыд хивєнд у зєрдє! (Къоста) 2. Єз цагъайраг нє дєн. (Нигер) 3. Дєсаздзыд лєг у. (Къоста) 4. Уєддєр дє єз. иунєгєй ныууадзинаг нє дєн. (Аргъау) 5. Ахсєв иєм єна- хуыр уазджытє єрцєуииаг сты. (Аргъау) 6. Цуанонтє єхсє- зєй уыдысты. 7. Фондз ємє цыппар фараст сты. 8. Єртє ємє єхсєз дєр уал сты. 9. Ацы бєлас тулдз у. 10. Уєртє уый та ахєм у. 45 ФЄЛТЄРЄН. Ныффыссут єххєст хъуыдыйєдтєй дзуанпытє ацы фарстытєн. Ує хъуыдыйєдты, вазыгджын зєгъинєгтє цавєр ныхасы хєйт- тєй конд сты, уый бацамоиут. 1. Чи уыди Гєдиаты Секъа? 2. Цавєр бои у фыццаг Май? 3. Цы у Мєскуы Советон Цєдисєн? 4. Цал сты ує къласы пионертє? 5. Цалєм бон у майрємбон къуырийєн? 6. Цы у географи? 7. Цал тигъон вєййы квадрат? 8. Кєцєй кєдєм кєлы Терк? 9. Цы у стъєлф? 10. Цы у фєскомцєдисоны фыц- цаг хєс скъолайы? 11. Кєй фыст у ємдзєвгє «Додой»? 12. Цы хуызєн вєййы рєгъєд мєнєргъы? 46 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут, номон дзырдтєй арєзт вазыгджын зєгъи- нєгтє кєм ис, уыцы хъуыдыйєдтє. 1. 1936 азы декабры советон адєм сфидар кодтой ног конс- титуци. 2. Махмє фєллойгєнджытє — кусджытє ємє зєхкус- джытє — сєхєдєг сты хицау сє райгуырєн бєстєйєи. 3. Мах паддзахад у кусджыты ємє зєхкусджыты социалистон пад- дзахад. 4. Советон адєм єрхъуыды кодтой бирє «зондджын машинєтє». Уыдон сты автоматтє. 5. Кєддєр тєккє зындєр 28
’куыстыл нымад уыд шахтерты куыст. 6. Ныр нє бєстєйы бирє яс коммунистон фєллойы бригадєтє. 7. Фєлє коммунистон фєллойы бригад суєвын афтє єнцон нєу. 8. Бригєдтє кє- рєдзиимє ерыс кєнынц коммунистои бригады ном райсыныл. ©. Социалистон бєстєтє кєрєдзийєн стыр єххуыс сты. 10. Со- ветон адємтє аразынц коммунизм. § 16. Мивдисджытєй арєзт вазыгджын зєгъинєгтє. 1. Хъуыдыйады вазыгджын зєгъинєгтєй вєййынц вазыг- джын мивдисджытє. Булємєргъ къуыззит кєны. (Къоста) Цуаноны цєфєй арс ныббогъ кодта. Тотырадз дурмє сгєпп кодта. Бы- дыртє митєйурс адардтой. Спортивон фєзы згъорєн фєндаг прсвзт серцыди. Изєры євиппайды арбауазал ис. Ф и п п а и и а г. Ирон євзаджы иуєй-иу архайдтытє ємє процесстє фєнысан кєиынц дыгай-єртыгай дзырдтє: хуым кєнын — пахать, згє кєнын — ржаветь, сыф-сыф кєнын — шипеть, бур дарын — желтеть, рафєлдах-бафєлдах кєнын — переворачивать, хъыг дарын — мешать, єн- хъєлмє кєсын — ожидать, коммє кєсын — подчиняться, слушаться ємє єнд. ах. Уыдон хонынц вазыгджын мивдисджытє. Вазыгджын мивдис- джытє кєй єххуысєй сєвзєрыиц, уыцы дзырдтє: кєнын, дарын, кєсын ємє єндєрты та хонынц єххуысгєнєг мивдисджытє. Вазыгджып мивдисєг ємє вазыгджын зєгъииаг кєрєдзийє хицєн кєиын хъєуы. Зєгъєм, хъуыдыйад «Колхозонтє хуым кєнынц» ныхасы хєйттєм гєсгє куы євзарєм, уєд хуым кєнынц у вазыгджын мивдисєг; фєлє цєвиттоны куы равзарєм хъуыдыйады уєнгтєм гєсгє, уєд та хуым кєнын уыдзєн вазыгджын зєгъинаг. Фиппаинаг. Хуымєтєг мивдисєгєй арєзт зєгъииаджы фєхо- нынц мивдисєгон хуымєтєг зєгъинаг; вазыгджын мивдисєгєй арєзты та — мивдисєгон вазыгджын зєгъинаг. 2. Хъуыдыйады вазыгджын зєгъинагєй вєййынц инфини- тивтє иуєй-иу мивдисджытимє: райдайын, фєвєййын, банца- йын, ныууадзын, єнтысын, архайын, фєлварын, хъавын, сфєнд кєнын ємє єндєртимє. Дє мєсыг амайын фєдє. (Къоста) Мичуринонтє нартхор рувын райдыдтой. Ахуыргєнєг сабиты скъолайы кєрты рєнхъ алєууын кодта. Дєхци хуыйынмє дєр арєхсы. Зинє сфєнд кодта ацєуын киномє. 29
Фиппаинаг. Инфинитив ємє єххуысгєнєг мивдисєгєй арєзт ва- зыгджын зєгъинаджы дєр хонынц мивдисєгон вазыгджын зєгъинаг. 47 ФЄЛТЄРЄН. Бакєсут хъуыдыйєдтє, бацамонут хуымєтєг ми- вдисєгєй арєзт зєгъииєгты ємє вазыгджын мивдисєгєй арєзт зєгъинєгты, 1. Пецамайєг пецєн дуар скодта. 2. Сє чызг Натъа ахуыр кодта єртыккєгєм къласы. (Епхиты Т.) 3. Муссє скъолайє єрцыди. 4. Илас дєр цъулбертыл нымад єрцыди. (Цомахъ) 5. Нє зєронд зымєгон хъуынджын кєрц дары. 6. Чи та нє хъыг дары? (Аргъау) 7. Магазинмє ног товартє єрластой. 8. (Барджытє) ныкъкъєрцц ластой сє хъал бєхты. (Плиты X.) 9. Лєппу кєсы чиныджы. 10. Иласы бирє єнхъєлмє кєсын нал бахъуыд. (Цєгєраты М.) 11. Сывєллон зєххєй йє хъазєн сис- та. 12. Ємє та (мыдыбындз) архайын систа йє лыстєг къєх- тєй, йє тєссонд базыртєй. (Цомахъ) 13. Зымєг райдыдта. 14. Зинє фыссын райдыдта. 15. Сывєллон чиныгмє бавнєлдта. 16. Колхозонтє кусынмє бавнєлдтой. 48 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут, фыццаг вазыгджын мивдисєгєй арєзт зєгъииаг кєм ис, ахєм хъуыдыйєдтє, уый фєстє та, инфинитивєй арєзт вазыгджын зєгъииєгтє кєм ис, ахємтє. 1. Євиппайды къєвда ставд єртєхтєй уарын райдыдта. (Цомахъ) 2. Ємє дын єз дєр уымє гєсгє зєгъынмє хъавын. (Дєбе) 3. Уый, сычъийы хуызєн, уыцы иу гєпп аласта йє цу- рєй. (Л. Толстой) 4. Газеты хъуыддаг айрох кодта Тотырадз, фєлє фєлєбурдта уыцы номхыгъд фыссынмє. (Арсен) 5. Изєр- далынгты бахєццє кодта Бесо йє бєлццоны иннє станцємє. (Цомахъ) 6. Колхозонтє сє сихор ахицєн кодтой. (Арсен) 7. Талынг дардта комрєбыи. (Цомахъ) 8. Бирєтє єхсєвы єп- пындєр нє бафынєй сты. (Арсен) 9. Хъєуы чъылдыммє цъєх дарынц хуымты цыппєрдигъон гєппєлтє. (Цомахъ) 10. Уєд ахуыргєнєг тырыса скъолайы сєрмє сфидар кодта. (Арсен) 49 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут аиы хъуыдыйєдтє, мивдисджыты бадзыр- дон кєнє фєдзєхстон здєхєнты євєргєйє, бахахх кєнут зєгъинєгты бын. 1. Асєго уєйыджы нырриуыгътытє кодта. (Аргъау) 2. Дзын- га цєттєгонд фєци йє сєрды кусєн дзаумєттє. (Дєбе) 3. Ныр лєгыл куы фєхєст сты. (Дєбе) 4. Аксо згъорєгау ракодта ма- шинєйы размє. (Дєбе) 5. Хус нєзы фєйнєгєй конд агъуыст ныггуыпп ласта. (Дєбе) 6. Єфсєддонтє єрємбырд сты фєз- мє. (Дзесты К). Уый фєстє ныззарын кодтой Бимболы. (Дзесты К.) 8. Афицерты єрбадын кодтой хицєнєй. (Дзес- ты К.) 9. Уыцы ныха.смє хєдзар ємєзмєлд сси. (Дзесты К.) 10. Дєхци ємє Мысост ныхас кодтой. (Цомахъ) 11. Колхозы хуымтє цъєхбын адардтой. (Цомахъ) 30
50 ФЄЛТЄРЄН. Саразут ує тетрєдты вазыгджын зєгъинєгты схемае ємє дзы бахєссут уєхи єрымысгє цєвиттонтє. Вазыгджын зєгъинєгты схемє ВАЗЫГДЖЫН ЗЄГЪИНЄГТЫ ТИПТЄ Вазыгджын зєгъинєгтє, кєцы ныхасы хєйттєй арєзт уой, уымє гєсгє вєййынц. вазыгджын зєгъинаг фє амоны сєйраты миниуєг кєнє уавєр: цавєр у? цы у? цал сты? Нинє хъєлдзєг у. Хими зонад у. Уый ныр физик уаид. Туристтє цыппар стпы. |вазыгджын зєгъинаг фє- амоны сєйраты архайд кє- нє процесс: цы ми кєны? цы кєны? Вулкан срємыгъшытє кєны. Сєрвєттє цъєх дарынц. Хєдзар арєзтп цєуы. Саго рувын райдыдта. 51 ФЄЛТЄРЄН. Фыццаг уал рафыссут, номон дзырдтєй арєзт вазыг- джын зєгъинєгтє кєм ис, ахєм хъуыдыйєдтє, стєй та мивдисджытєй арєзт вазыгджын зєгъинєгтє кєм ис, ахємтє. Иу хорз уалдзыгон бон Єгайты хуссары сау фосы дзуг хи- зєнтыл схєлиу сты. Лєппулєг фиййау Ахмєт рындзыл бадти ємє уадындзєй зарыди. Уалынмє саунємыгдзау чызджытє, сє къєртатє сє къухты, афтємєй єфцєгаей єрцыдысты ємє Ах- мєтєн арфє ракодтой: 31
— Дє фос бирє уа, Ахмєт. Ахмєт уырдыг фестади, уадындз зєххыл авєрдта ємє афтє зєгъы: — Хорз амонд ує хай, хорз чызджытє! Айссє уадындз зєххєй фелвєста, Ахмєты къухы йє авєрдта, ємє чызджытє ємхуызонєй сдзырдтой: — Азар ма нын, Ахмєт, дє уадындзєй — ємє схудтысты. Ахмєт уадындзы ныуулєфтытє кодта ємє ныззарыди. (Секъа) § 17. Сєйрат ємє зєгъинаджы бастдзинад. 1. Сєйрат ємє зєгъинаг ємбаст вєййынц нымєцмє ємє цєсгоммє гєсгє, ома сєйрат цы цєсгомы кєнє иымєцы уа, уыцы цєсгомы кєнє нымєцы вєййы зєгъинаг дєр. Єз уайын, мах уайєм. Уый рувы, уыдон рувынц. Бєх хизы, бєхтє хизынц. Фиппаинаг. Сєйрат бирєон нымєцы номдарєй коид куы вєй- йы, уєд хатгай зєгъинагєн иууон нымєцы хуыз дєр вєййы. Хєфсытє уасыд йє къахы скъуыдтєй. (Къоста) Єппєт бєллєхтє дєу тыххєй єрцыд. (Секъа) 2. Сєйрат ємбырдон номдарєй конд куы уа, уєд зєгъинаг бирєон нымєцы вєййы. Адєм куы стыхсой цагъайраджы цардєй. (Цомахъ) Аф- тємєй фєсивєд єрвыстой бєрєгобн. (Арсен) фос иу раннал лєууыдысты. (Секъа) Иу хорз уалдзыгон бон Єгайты хуссары сау фосы дзуг хизєны схєлиу сты. (Секъа) 3. Номдар ємє бєрцон нымєцон иумє сєйратєй куы уой, уєд зєгъинаг вєййы бирєон нымєцы. Авд лєппуйы зилынц Єфсатийы алыварс. (Кьоста) Дыуує сывєллоны хъазынц артдзєсты раз къонайыл. (Дзесты К.) Фєлє авд хєдзары дєр хъєу сты уєдє цы. (Дзесты К.) Фиппаинаг. Сєйрат куы уа арєзт ємбырдон номдарєй, кєнє бєрцон нымєцон ємє номдарєй, уєд зєгъииаджы хатгай иууон нымєцы дєр фєзєгъынц: Мєнє фєсивєд царды ралєууыд. (Нигер) Цєхгєрмє уынгєй рацыди єртє ємбалы. (Арсен) 52 ФЄЛТЄРЄН. Равзарут сєйрат ємє зєгъинєгты бастдзинад. 32
ДАУЫТ СОСЛАН. Русудан паддзах схъомыл кодта ирон паддзахы фырты. Уый уыд диссаджы хєрзконд ємє уєздан, хъєбатыр ємє тыхджын барєг, єнєфенгє рыцарь, уєидои ємє ныфсджын фатєхсєг. Зынгє уыд буары скондєй, ємє єххєст — алы хорздзинєдтєй. Єппєт адємы фєндыд, цємєй Тамарє ємє Дауыт иу бинонтє бауыдаиккой. Тамарє байхъуыста сє фєндмє, уый хорз зыдта Дауыты. Єрємбырд сты Дидубейы ємє сарєзтой чындзєхсєв. фєцин кодтой адєм стырєй, чысылєй. Райдыдтой зынын хорз царды бєрджытє: уыди уєлахизы стєртє, ємє иикуы зынд знєгтє... Басил Эзосмодзгвари, XIII єнусы историк. 53 ФЄЛТЄРЄН. Бакєсут хъуыдыйєдтє, ссарут сєйрєттє ємє зєгъи- яєгтє. Бацамонут сєйраты ємє зєгъинаджы єхсєи бастдзинєдтє. 1. Дзыллє дис кодтой сє зарыныл, сє кафыныл ємє сє «симыныл дєр. (Къоста) 2. Радтой сє къухтє сє дыууєтє дєр кєрєдзимє. 3. Радтой Солтан ємє Илас сє къухтє кєрєдзимє. (Къоста) 4. Фаллаг фарс бадынц єртє фиййауы арты фарсмє. ЩКъоста) 5. Зєронд Солтан ма Иналимє афєстиат сты. (Къоста) р. Зєронд Солтан ма Иналимє афєстиат ис. (Къоста) 7. Би- рє барджытє йє алыварс цыдысты. (Къоста) 8. Хъырым- >шамхалы єфсєдтєй фондз хайє фылдєр фєхъуыдис. (Къоста). .9. Єз ныхас кодтон зєронд партизан Абысалимє. (Дєбе) ДО. Мах бадтыстєм Абысалимє Єрєфы доны былыл єнєуєл- дай змєлєг бынаты. (Дєбе) 11. Мєнєуы єфсир хъєбєр кєнын байдыдта. (Епхиты Т.) 12. Бон боны фєдыл цыди, аз та азы фєдыл (Брытъиаты Е.) 13. Хъєубєстє Хємыцы зыдтой сабыр, єнцад цєрєг мєгуыр хєххон лєгєй. (Дзадтиаты Т.) 14. Акка 5жмє Тасо уыдысты дыуує сыхаджы. (Берозты А.) 15. Цехы фєтєн ємє даргъ агъуысты сєр иууылдєр уыд авгєй конд. ^(Єгъуызарты Г.) "лх 53а ФЄЛТЄРЄН. Єрымысут ємє ныффыссут иу-цалдєр ахєм хъуы- дыйады: а) сєйрат ємє зєгъниаг кєм уой ємбаст иу цєсгомы ємє иу нымєцы; б) ємбырдон номдартє сєйратєй кєм уой ємє номдартє нымє- йюнтимє сєйратєй кєм уой. %; 54 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы хъуыдыйєдтє. Бахахх кєнут зєгъи- А»єгты бын. Сє сєрмє сын фєнысаи кєнут, цавєр ныхасы хай сты, уый. | 1. Адєм єрємбырд сты хъєугуывды. (Аргъау) 2. Цавєр- Щєр къуыдиппытє хъєуи-хъєу лекка V кєнынц. (Мєрзойты С.) й.. Адєймагєн хид кєны йє царм ємє сємхєццє вєййы йє Й^БязыртыА. 33
чъизитимє. («Фидиуєг») 4. Низтє єрмєст цєрєндоны тыххє& нє арєх кєнынц. («Фидиуєг») 5. Хєхты хуым кєнынц галтєй.- («Хурзєрин») 6. Мєйы дєргъы цєссыг калдта Масє йє сєфт єфсымєры къуымты. (Бязырты Д.) 7. Колхозонтє бауынаффє- кодтой сєхи ’хсєнєй дєсны кусджытє сахуыр кєныныл. (Дзес- ты К.) 8. Чысыл цєугєдон ихы бынєй хъуыр-хъуыр кодта. (Бе- саты Т.). 55 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут хъуыдыйєдтє. Бацамонут сєйраг уєнгты ’хсєн бастдзинад. X у ы з є г: Хъєуккаг єхца бафыста (ємбаст) ємє ацыдис» (ємбаст). 1. Хъєуккаг єхца бафыста ємє ацыдис. (Арсен) 2. Хъєу- уонхєдзарадон куыстытє дихгонд єрцєуынц цыппар хайыл. (Газетєй) 3. Гєпг,єлгай ныскъуыдтє зєхх. Мєнєуы ’фсиртє- стєм рєтты банцъылдысты. (Гаглойты В.) 4. Хасанмє хъыг фєкастысты Борсєйы ныхєстє. (Джусойты Н.) 5. Софийы раз- февзєрд євзонг дохтыр. (Букуылты А.) 6. Чидєр єрхаста фер- мєйє сур ємє хъарм дзаума. (Дзесты К.) 7. Зарета улєфт нє- зоны бынтон. (Газетєй) 8. Арвы євзист быдыры чидєр ног над фосы дзугтє хизы. («Фидиуєг») 9. Адємєн сє рєсугъд уєттє- хъармєй, райдзастєй лєууынц. (Къоста) § 18. Хъуыдыйады фєрссаг уєнгтє. Хъуыдыйады фєрссаг уєнгтє сты єххєстгєнєнтє, бєрєг- гєнєнтє ємє фадєттє. Єххєстгєнєн. Єххєстгєнєн хонынц ахєм фєрссаг уєнг, кєцы нысан кєны предмет ємє фєдомы фєрссаг хауєнты фарстытє: кємєн? — цємєн? кєй? — цєй? кємєй? — цємєй? ємє єндєртє. Єхсар сидзєргєсєн фєрєтєй сугтє сєтты. Ацы хъуыдьь йады архайєджы ном Єхсар у сєйрат. Фєлє ма уымєй уєл- дай архайдимє баст сты єртє предметы: сугтє, фєрєт, сидзєр- гєс. Сугтє у, архайд комкоммє кємє цєуы, уыцы предмет. Фє- рєт у, архайд цы мигєнєнєй чындєуы, уый. Сидзєргєс та у,. архайд кєй пайдайєн цєуы, уый. Єртє номдарєй алкєцыдєр єххєст кєны зєгъинаджы ємє домынц фарстытє: цы сєтты? — суг; цємєй сєтты? — фєрєтєй; кємєн сєтты? — сидзєргє- сєн, ємє сты єххєстгєнєнтє. Єххєстгєнєнєй хъуыдыйады вєййынц номдартє ємє са& ролы уєвєг ныхасы хєйт^е — миногонтє, миногмитє, инфини- тивтє ємє єнд. 34
Сєниат газетп (номдар) дєр бакаст. Сєниат уый (ном- ивєг) дєр бакаст. Дохтыр рынчыны (ам номдар) басгєрста: Єххєстгєнєнтє сты дыуує хуызы: комкоммє єххєстгє- нєн ємє фєрссаг єххєстгєнєн. Комкоммє єххєстгєнєн вєййы цєугє мивдисджытимє, нысан кєны, архайд комкоммє цы предметмє цєуы, уый ємє фєдомы фарстытє: кєй? цы? Цєвиттонтє: Мад йє чызджы рєвдауы. Кєй рєвдауы? — Чызджы (ком. єх.). Скъоладзау йє уроктпє цєттє кєны. Цы цєттє кєны? — Уроктє (ком. єх.). Нинє радзырд фыс- сы. Цы фыссы? — Радзырд (ком. єх.), Комкоммє єххєстгєнєн вєййы номон ,’кєнє гуырынон ха- уєны формє. Фиппаинаг. Бєрцон нымєцон номдартимє иымайын хъєуы иу- нєг уєнгыл: Бахардз кодтон єртє сомы (ком. єх.). Скъоладзаутєй дыу- уєйы (ком. єх.) арвыстон лагермє. Фєрссаг єххєстгєнєнтє фєнысан кєнынц, цы мигєнєнєй архайынц, цы єрмєгєй аразынц, цы предметы пайдайєн кєнє зианєн архайынц, цы предметимє барынц ємє єндєр ахєм- тє. Фєрссаг єххєстгєнєнтє фєлєууынц дєттынон, иртєстон, арєзтон, єддагбынатон ємє цєдисон хауєнты. Цєвиттонтє: 1. Фыд йє лєппуйєн чиныг балхєдта. 2. Мит фыййагєй калынц. 3. Ме ’фсымєрєй чиныг райс- тон. 4. Нє уат рухс кєны электрон лампєйє. 5. Маши- нєйы хъєрєй сывєллон райхъал. 6. Аннє Фидармє фыс- та йєхи цардєй ног хабєрттє. 7. Физонєг цєхєрыл аразынц. 8. Євзонг мичуринонтє талатпыл дон ныккодтой. 9. Батырадз хуыцауимє дєр тох кодта. 10. Госєма мє- нєй бирє хистєр у. 11. Махимє футболєй нє хъазыс. 12. Радт мын чиныг. 56 ФЄЛТЄРЄН. ч Рафыссут ацы хъуыдыйєдтє. Ссарут дзы фєрссаг уєнгтє ємє сын сє быны бахахх кєнут. 1. Цєстыты раз євзєрдис уарзон бинонты адджын цард. 2. Маринейєн фехъусын кодта Бесо йє фєндийєгтє. (Цомахъ) 3. Тедо цыди цуанонтєн сє разєйо (Къоста) 4. Пост хастой фиййєутты уєтєрмє алы къуыри дєр. (Дзесты К.) 5. Сєрды- гон хур бон Хаджумар хызта колхозы родты бєрзонд сєрвєты. (Нига) 6. Хатъо бирє ныхас кодта\1уыцы заманы йє хъєубєс- ты зєхкусджытимє. (Бєдоаты Хъ.)г7. Єрвыст лєджы Никъо- тєм бахастой. (Дзесты К.) 8. Єгас бон Зєлинє йє уатєй нє. 35
рахызт уынгмє.. (Бязырты Д.) 9. Уыцы бон изєры фехъусын кодта Хъамболат цингєнгєйє партчыры секретарєн. (Дєбе) 57 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы хъуыдыйєдтє. Бахахх кєнут ком- коммє єххєстгєнєнты бын: 1. Дыуує къуырийы размє Заретємє курєг єрбацыди сє хъєуккаг лєппу. (Дзесты /С.) 2. 1870 азы Къоста бацыд Нары хъєууон сколамє. (Цомахъ) 3. Хєрзгєнєг лєг дуне сєтты. (Секъа) 4. Хъєубєстєй алчидєр рєвдз кодта йє бєлццоны. (Бекъойты Е.) 5. Євзєр фыи федтои, Будзи. (Фєрнион) 6. Хорз хылєй євзєр фидыд хуыздєр у. (Ємбисонд) 7. Бєстон базо- нын хъєуы ирои орнаментты миниуджытє. (Тыбылты А.) 8. Чындзытє єйтташ єфснайынц хєдзєрттє, кєртытє. (Єрни- гон) 9. Сандро бацыд пиаииномє. Леуан мырмыраг бацагъта. (Арсен). 58 ФЄЛТЄРЄН. Сбєрєг кєнут комкоммє ємє фєрссаг єххєстгє- яєнтє ємє зєгъут, кєцы хауєнты євєрд сты, уый. 1. Бирє фыстєджытє фєфыста Биитер Раисємє. (Джио- ты Д.) 2. Фотоаппарат дєр балєвар кодта Раисаейы хистєр жфсымєрєн. (Джиоты Д.) 3. Арєх сєм цыди Бинтер хуынти- мє. (Джиоты Д.) 4. Сослан Раисєтєм дуар бахоста., (Джиоты Д.) 5. Чидєриддєр зоиы Муссєйы. (Хъуылаты С.) 6. Скъола- дзаутє фарстой ахуыргєнєджы экскурсийы тыххєй. 7. Олгайы єххуысєй Мухтар Уарзетимє сємбєлдис єргом ныхасмє єх- сєзєм бригады станы кєсєндоиы. (Дєбе) 8. Дыккаг бон та ног байрєгтєм зилын байдыдтой дыуує зєронды. (Дєбе) 9. Джанаспи лєдзєг райста ємє ацыд. 10. Оркестр йє цєгъды- нєй фєлєууыд. 11. Ацы мєнєу комбайнєй єркарстой. 12. Ни- нє.маркєтєй коллекци аразы. 13. Цємєй лыг кєнынц авг? 59 ФЄЛТЄРЄН. Ує къласы литературон хрестоматийы иу радзырды •ссарут, комкоммє ємє фєрссаг єххєстгєнєнтє кєм ис, ахєм хуымєтєг хъуыдыйєдтєй иу-цалдєр ємє сє рафыссут ує тетрєдты мєиє афтє: Дымгє цъєх мигътєй (єх.) бамбєрзта хєхты (ком. єх.). § 19. Бєрєггєнєн. Бєрєггєнєн хонынц„,предметы миниуджытє чи нысан кє- ны, уыцы фєрссаг уєнг. Бєрєггєнєн фєлєууы бєрєггєнинаг номдары размє ємє дзуапп фєдєтты фарстыт&л: цавєр? кєцы? кєй? цалєм? цы хуызєн? » Цєвиттонтє: Фєззыгон къєвда лыстєггай уары. Цавєр 36
къєвда? — Фєззыгон (бєрєггєнєн). Ахмєт ленк кєнынєй бацахста дыккаг бынат. Кєцы бынат? цалєм бынат? — Дык- каг. (бєр.) Ауєдзыл єрзадис сырх дидинджытє. Цы хуы- зєн дидимджытє? — Сырх (бєр). Колхозы фос хизынєй єрцєуынц. Кєй фос? — Колхозы (бєр.). Фиппаинаг. Иу предметы нысангєнєг дыуує дзырды єлхын- цъєн йє алы дзырд хицєн хъуыдыйады уєигыл нымайын иє хъєуы: Рынчынєн амонынц айчы бур (дыуує дзырды сты иу єххєстгєнєн). Райста голладжы зєронд (єх.). Кєрты астєу зайы тулдз бєлас (сєй- рат). Габо єрцахста хуыдзых кєсаг (єх.). Бєрєгтєнєнтє сє бєрєггєнинаг номдартимє баст вєй- йынц кєнє єфтыдады руаджы, ома сє формє єнєаивгєйє, кєнє та ємарєзтады руаджы. 1. Єфтыдады руаджы бєрєггєнинаг дзырдтимє баст єр- цєуынц миногон, миногми, єлвасєн номивєг ємє нымєцон. Цєвиттонтє: Фидар (миногон) гуыдыр, фидар гуыдырыг фидар гуыдырєн. ахуырст (миногми) къул, ахуырст къулы, ахуырст къулєн. Сє (номивєг) чиныг. Єхсєзєм (нымєцон) кълас. 2. Ємарєзты руаджы бєрєггєнинаг дзырдтимє баст єрцєуынц номдартє гуырынон ємє иртєстон хауєнты. Цєвиттонтє: Цъитийы (гуырынон х.) дон; къєвдайы (гуыр. х.) дон; хохы (гуыр. х.) уєлдєф (хєххон уєлдєф); хъєдєй (ирт. х.) уидыг (хъєдын уидыг); дурєй (ирт. х.) быру (дурын быру). 60 ФЄЛТЄРЄН. Бакєсут текст, рафыссут къєйттєй, бєрєггєнєнтм ємє бєрєггєнииаг дзырдты, фєнысан кєнут єфтыдады ємє ємарєзтьг. бастдзинєдтє. Хуызєг: бєрзонд бєлас (єфт.); хєдзары къул (ємар.).. 1. Мє фыд куыстєй єрбацыд єхсєзєм сахатыл. 2. Нє хъєуы фєсивєдєн арєзт єрцыд дзєбаех клуб. 3. Ногсагъд та- латє дєр дидинєг рафтыдтой, 4. Уынгєн дыууєрдыгєй хєрд- мє фєцыдысты сырх туфєй агъуыстытє. 5. Скъолайы фыццаг къласмє райсынц авдаздзыд сывєлл^тты. 6. Хъазты єхсєнєй хъуысти фєндыры цагъд. 7. Балтє урс-урсид дидинєг ракалд- той. 8. Дойнаг дурєй къултє уымєл дардтой. 61 ФЄЛТЄРЄН. Бакєсут текст, рафмссут къєйттєй, бєрєггєнєн ємє бєрєггєнинаг дзырдты, фєнысан кєнут, бєрєггєнєн цахєм ныхасы хай у, уый. 37
X у ы з є г: Євдєм (рєнхъ. ным.) бон., Мисурєты (номд.) рон. Ц о м а х ъ. Сыбырмє хасты цардєй. Райстон дыуує євзист сомы... Ныр хъєздыг дєн єз. Ба- цыдтєн дуканимє. Райстои сєкєры джиранка, хъалмыхъхъаг цайы къєртт, къренделитє, дзул. Фєцєуын дон-дон. Мє дєн- дєгты єхсєн мур кєныи хъєбєр кърендели, сывєллонау, єх- сынын сєкєр... Зєрдыл ємбєлынц. Мє курткєйы єгънєджы- тє сєвєрдтон. Къоходзийы скъуыдтєй разынд портянкєйы кєрон, фєстємє йє батъыстои мидємє. Мє гом зєнгтє бам- бєрзыны тыххєй бынмє ивазын мє хєлафы фадгуытє — ахєс- ты дарєс. Ацыдтєн бєрзбыны фалемє. Сырх-сырхид дарынц хъєлєрдзыйы къу^зитє. Єрзєбул сты зад цупєлттє, фыррє- гъєдєй дзыхы тай&нц. Дзул ємє хъєлєрдзытє. Куыд адджын сты, куы! (Падддзахы хицєуттє ахастой Сыбыры каторгємє революционер Цом^хъы 1908—1917 азты). 62 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы хъуыдыйєдтє. Ссарут дзы бєрєггє- нєнтє. Сє сєрмє сын фєнысан кєнут, цавєр ныхасы хай сты, уый. 1. Хъєухор бирєгъєй хъєуы фарн тыхджындєр у. (Ємби- сонд) 2. Хохаг єхсєв йє тар хъєццул райтыдта цъєх фєтє- ныл. (Бекъойты Е.) 3. Мє салд дзабыртє миты цъыгъгъуыт- тытє кєнынц. (Цєгєраты М.) 4. Євзонг кєрдєг єрттивы хъєлдзєгєй. (Аргъау) 5. Хєххон сау калмау євзонг знєт у. (Епхиты Т.) 6. Хъєбєр митыл къєхты фєд нє зынди. 7. Йє галиу къухєй йе ’взистсєр хъамайыл ныххєцыд Тєтєрхъан. (Плиты И.) 8. Чысыл лєппуйє цъєх арвмє кєсын уарзтон. (Гафез) 9. Хорз гал йєхиуыл цєф нє уадзы. (Ємбисонд) 10. Сє никель сынтєджытє єрттывтой євзистау. (Нига) 11. Сау кєлмєрзєны бынєй єрзєбул сты урс дадалитє. (Гайты Е.) 12. Сєууон дымгє зад кєрдєг фасы. (Асаты Р) 13. Єнєба- ры чындзєхсєв акодтам єхсєвыгон, (Джиоты Д.) 63 ФЄЛТЄРЄН. Сбєрєг кєнут, кєцы ныхасы хєйттєй арєзт сты бєрєггєнєнтє ємє кєцы хауєнты євєрд сты. 1. Райсом раджы дыуує лєппуйы иумє ауадысты хъєд- даг кєрдотєм. 2. Дыккаг бон иннє хєттытєй раздєр райхъал Сослан. (Арсен) 3. Къуырийы бєрц рацыд Хъусойы алыгъды бонєй. (Арсен) 4. Єфсєн перилєджын мраморєй асиныл сын- дєг хызти иу стдєсазыккон чызг. Ємпъызт къалостє, адаргє зымєгон палто ємє ихсыд кєлмєрзєн йє уєлє. (Арсен) 5. Ай- размє сємбєлдтєн мє хорз ємбєлттєй сє иуыл. Мє цон- гыл мын фєхєцыд ємє ^є музеймє баласта. Ницы ємбарын музейы хабєрттєн. Цєйд^ер єрхуыйы гєппєлтє дзы ис, фы- дєлтыккон къухдарєнтє, хєцєнгєрзтє. 38
§ 20. Ємхасєн. Бєрєггєнинаг номдары фєстє цы бєрєггєнєн-номдар ’йфєлєууы, уый фєхонынц ємхасєн. ;;; Зєгъєм: 1. Єз кєсын журнал „Фидиуєг". 2. Мєздє- х)жы быдырты донєй єфсады стыр фурд Терк. Ацы хъуыдыйєдты «Фидиуєг» ємє Терк ємхасєнтє сты 1. Ємхасєнтєй арєхдєр вєййынц газетты, журналты, чин- гуыты, уацмысты, колхозты, заводты, науты ємє єндєр ахєм- ты сєрмагонд нємттє. Ахєм ємхасєны бакєнынц дыкъє- дзыгты єхсєн: газет „Рєстдзинад", журнал „Пионер", ємдзєвгє „Уалдзєг", колхоз „Хурзєрин", ресторан ^Терек" ємє єндєртє. Къостайы ємдзєвгє „Салдат* у 1886 азы фыст. Къоста- |Йєн бирє ємдзєвгєтє ис ємє дзырд „Салдат" бєлвырд 1:Кєны, кєцы ємдзєвгє у, уый: кєцы ємдзєвгє? —„Салдат". 2. Ємхасєны размє лєууєг номдары бєсты хъуыдыйады хатт ралєууы номивєг, ємє уєд ємхасєн вєййы бєрєггє- нєнєй номивєгєн дєр: *." Мах, скъоладзаутє, райсом раджы нартхор тонын- \мє цєуєм. Номивєджы фєстє лєууєг ємхасєны рахицєн кєнынц дыууєрдыгєй къєдзыгтєй кєнє тиретєй (кєд ма йемє єндєр даырдтє дєр уа, уєд). •Г 3. Арєх ємхасєнєн йемє баст вєййынц єндєр ємба- рынгєнєг дзырдтє дєр. Зєгъєм: Мах, євдєм кълассы йхуыргєнинєгтє, исєм нєхимє тынг хорз ахуыр кєныны ¦хєс. Чермен, Тлаттаты Бестолы кєвдєсард, хъєбаты- рєй тох кодта єлдєртты ныхмє. Хємєт, Сєлимєты &ртєаздзыд лєппу, Хазбийы йє мады хъєбысы ауыдта иємє йє былтє басчъил кодта... (Бекъойты Е.) |г Хъуыдыйады мидєг ємхасєн ємє йемє баст ємбарынгє- $*єг дзырдтє хицєнгонд цєуынц къєдзыгєй. Ахєм ємхасєн- |гєй арєхдєр пайда кєнынц ємбырдт^ раныхєсты, цытджын >ЙЫстуаны, химє исты хєстє исыны ’сидтыты ємє єндєр [«хємты. |: 64 ФЄЛТЄРЄН. Равзарут ацы хъуы/ыйєдты ємхасєнтє ємє уы- ррнмє гєсгє єрымысут иу цалдєр хъуыдыйады ємхасєнтимє. 39
1. Нє хъєугєрон цєры Бедойты Егна, цуаион. (Гафез) 2. Мах, — хєххон фєлтєрд фєсивєд, — ног дуджы єндон єф- сад. (Боциты Б.) 3. Тега кусы завод «Сырх Октябр»-ы механи- кєй. 4. Дыккаг ирон газет «Ног цард» мыхуыры цєуыи бай- дыдта 1907 азы Калачы. (Цомахъ) 5. 1907 азы рацыди ирон фыццаг журнал «Зонд». (Цомахъ) 6. Ємдзєвгє «Хъуыбады»- йы дєр та поэт мах зонгє кєны уыцы мєгуырты цардимє. (Цомахъ) 7. Туристтє бахсєвиуат кодтой гостиницє «Терек»-ы. 8. Космоиавт Гагарии космосмє атахт спутиик «Восток-1»-ыл. 65 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы хъуыдыйєдтє. Ємхасєнты бын ба- хахх кєнут. 1. Райдыдтоф куыддєртєй цєрыитє Мариие, идєдз ус, йє дыуує сидзєр сйбиимє. (Цомахъ) 2. Дуары бахойынмє рацыд иу чызг, урс чызг, урс раздарєны мидєг. (Цомахъ) 3. Р1єхи цард дєр євзєр* ницємєй уыдис заводы Дзынга-Хъуыдабер- дєн. (Дєбе) 4. Чи нє бєллыд дє лєг Тугъаны єрцыдмє. (Сау- лохты М.) 5. Сєрдєй, зымєгєй, гуыбыр тызмєгєй йє кєрцы мидєг ныхасы бады зєроид Хъуыбады, нє фєндырдзєгъдєг. (Къоста) 6. Дыуує дєр, фыд ємє лєппу, кєрєдзи ныхасыл ра- зы нє кодтой. (Пушкин) 7. Дыуує марды, Хыдыр ємє йє цардємбал Дысинє, хуыссыдысты фєрсєй-фєрсмє, фынєйау.. (Бязырты Д.) § 21. Фадєттє. Архайды бынат, афон, єфсон, нысан ємє йын йє цыд цы фєрссаг уєнгтє нысан кєнынц, уыдон хонынц фадєттє, кєнє фадатон дзырдтє. Мєнєугєрдєнтпы Мєздєгмє цєуєм. Кєд цєуєм? — Мєнєугєрдєнты (амоны архайды рєстєг). Кєдєм цєуєм? — Мєздєгмє (амоны бынат). Сє нысанмє гєсгє фадєттє дих кєнынц фондз къордыл: 1) афоны фадат, 2) бынаты фадат, 3) архан^ы хуызы фа- дат, 4) єфсоны фадат ємє 5) нысаны фадат. 66 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут хъуыдыйєдтє. Бахахх кєнут фадєтты бын, сє фарсмє сын єрфыссут сє фарстытє ныхты мидєг. 1. Єнцад арасти Дєхци хъєугєронмє. (Цомахъ) 2. Єндон фахс цъєх мєсыг нє хъєугєрон фєзєй колхозон быдыртєм єдзынєг фєлгєсы. (Гафез). 3. Фєстаг азты иє областы рай- тынг арєзтад. (Газетєй) 4. Ацы бонты фєндаг уыдис ноджьр євзєрдєр. (Газетєй) Ъ. Уарын гєзємє фенцад. (Цєгєраты М.) 6. Лєгєтмє дєр б^схуыста дымгє. Мила фєсте баззад. (Цєгєраты М.) 7. ЗариЬє бадти цєугєдоны былыл. («Фиди- уєг») 8. Хуры алыварс зиллачыл ємє эллипстыл зилынц. 40
къорд планетєйы. (Сиукъаты Н.) 9. Дзаумєтты тыххєй кол- хозмє мє бацыд уыйбєрц єхсызгон нє хъєуы. (Дєбе). § 22. Афоны фадат. Афоны фадат нысан кєны архайды рєстєг кєнє афон ємє дзуапп дєтты фарстытєн: кєд? кєдєй? кєдмє? цафон?- цас рєстпєг? Афоиы фадатєй хъуыдыйады вєййыиц фєрсдзырдтє, фєрсаг хауєнты номдартє ємє фєсєвєрдтє семє баст дзырд- тимє. Раджы уєйыгмє лєскъдзєрєн иу мєгуыр лєг цард. (Къоста) Кєд цард? — Раджы (афоиы фадат). Къуырисєрєй суанг цыппєрєммє фєкодта сєлфынєг. Кєдєй-кєдмє фєкодта сєлфынєг? — Къуырисєрєй суанг цыппєрєммє. Знонизєр кинойы федтам филъм «Фатимє». Кєд? — Знонизєр. Фарон ацафон дєр ма уазєлттє уыд. Кєд — Фарон ацафон. Цады был єнєхъєн сахапг фєбадт. Цас фєбадт? — Са- хат. Дыуує боны фєстпє Мєскуымє цєуєм. Кєд? — Дыуує- боны фєстє. 67 ФЄЛТЄРЄН. Ссарут афоны фадєттє ацы тексты. 1. Раджыма-раджыма цардысты мєгуыр ус ємє лєг. (Ар- гъау) 2. Иу райсомраджы Сырхыты хохы тигъыл сырдты дзуг схєлиу. (Секъа) 3. Уыцы „єхсєв уєлдай рєсугъддєр касти. Тєтєримє Хуырыхъєуы єрдз. (Цырыхаты М.) Бабо Бибойє афєдз раздєр єрбалыгъдис уыцы хъєумє. (Епхиты Т.) 5. Иу бєрєгбон райсом Дєхци нал фєлєууыд. (Цомахъ) 6. Уалын- мє схєцыд арт дєр. (Нигер) 7. Єз хъуыстои рагєй дєр дє- уєн, денджыз, дє. кой. (Ардасенты X.) 8. Абон нє хєлар би- нонтєи хур єз сє рустыл уыдтон. (Хъайтыхъты Г.) 9. Изєрєй Гетє хъомы фєстє хъєумє єрцыдис єнкъардєй. (Тазе) 10. Уалдзєг хурмє куыд фєтайы их. (Плиты Г.) 68 ФЄЛТЄРЄН. Рахицєн кєнут афоиы фадєттє ємє сбєрєг кє- нут, цавєр ныхасы хєйттєй конд сты, уый. 15 январы Мєскуыйы рєстєгмє гєсгє 19 сахаты онг кос- мосон нау «Союз-4» Зєххы алыварс єркодта 22 зылды, кос- мосон нау «Союз-5» та — єхсєз зылды. Нау «Союз-4»-ы ко- мандир В. А. Шаталов науы системєты куыст сбєрєг кєиыиы 4I
фєстє бахызт орбиталон уатмє йє фєллад уадзынмє. Нау «Союз-5»-ы уыцы рєстєджы кєронмае ахєццє ис тє- хыны фыццаг боны программє єххєст кєныны куыст. Зєххы •алыварс иу зылд єркєны 88,92 минутмє. Зєххєй иууыл дард- .дєр вєййы 225 километры. (Г а з е т є й) 69 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы хъуыдыйєдтє. Бахахх кєнут афоны •фадєтты бын, сє фєстє сын фарст єрывєрут ныхты. 1. Цалдєр минуты фєстє євзєрст фесты звеноты хистєр- тє. (Бекъойты Е.) 2. Хъєууон лєг ацафон йє къухтєм ємха- <:єитє фєкєны. (Газетєй) 3. Фєсахсєвєрты сындєггай рацыд станцєйє Дзынга. (Дєбе) 4. Тугъан чысылєй сидзєр баззад. (Секъа) 5. Єрдєбон дєр ма арв ирдєй лєууыд. (Цєеєра- ты М.) 6. Дыккаг бон хур скаст. (Секъа) 7. Дысоны къєвда- йы єртєхтє дзєбєх ныхсадтой хєдзєртты сєртє. (Бщъойты Г.) 8. Хєрды размае къухтє ныхсын хъєуы сыгъдєг. (Газетєй) 9. Дзынга цалдєр боны размє ацыд Ног хъєумє. (Дєбе) 10. Сихоры фєстє аулєфыдысты кусджытє. 11. Раджы йє ма- димє цард хєдєфсєрм, хєларзєрдє чызг. (Ареъау) § 23. Бынаты фадат. Бынаты фадат нысан кєны архайды бынат ємє дзуапп дєтты фарстытєн: кєм? кєцей? кєдєм? цєм? цєй мидєг? Бынаты фадатєй хъуыдыйады вєййынц фєрсдзырдтє, ¦фєрссаг хауєнты євєрд иомдартє ємє фаесєвєрдтє семє баст дзырдтимє. Клубы ахсєв пьесє «Усгур» євдисынц. Кєм євдисынц? — -Клубы. Кавказы хохы сынєгыл райдайєнєй нырмє бирє адємы мыггєгтє царди. (Секъа) Кєм царди? — Кавказы хохы сынє- -гъи (єртє дзырды иумє сты иу уєнг — бынаты фадат). Арв ксемдєр нєры. Кєм нєры? — Кємдєр. Мады цур хъазыд йє сывєллон. Кєм хъазыд? — Мады цур. 70 ФЄЛТЄРЄН. Ссарут афоны ємє бынаты фадєттє; раиртасут, цы ныхасы хєйттєй конд сты, ємє цавєр бастдзинєдтєй баст сты зєгъинаги- мє. 1. Мє уатмє єрбазынди фєлурс рудзынгєй наз. (Гафез) :2. Нє Ирєй тар єхсєв лыгъди. (Цырыхаты М.) 3. Фыццаг ирон чиныг мыхуыры рацыд Мєскуыйы 1798 азы. 4. Фыццаг 42
Ррон скъола байгом Мєздєджы 1764 азы. 5. Стъолыл ницы Шадиссаг хєринєгтє уыд. (Арсен) 6. Райсомєй гостиницєйы ^аомыры зєрдєрухсєй нє райхъал ис Леуан. (Арсен) 7. Хур |э’єххєй фєхицєи ємє иу чысыл ссыдис арвыл. (Дєбе) $& Хъарм хєдзары єрчъицыдта Бипп-бипп. (Двгбе) 9. Дыккаг фон райсомєй Харитъон сєрвєтмє сыскъєрдта рєгъау. (Бе- %аты Т.) 10. Авд боны ємє. авд єхсєвы єнєсцухєй фєуарыди ^мит. (Бесаты Т.) 11. Рувєитєй мєнєугєрдєнты єхсєн кол- ;^соз Мухтары арвыста хъєууонхєдзарады равдыстмє Мєс- Зкуымє. (Дєбе) I 71 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут текстєй, бынаты фадєттє кєм ис, уыцы гхъуыдыйєдтє. Бынаты фадєтты бын бахахх кєнут. 1942 аз. Скодтой Фыдыбєстєйон хєсты бонтє. Гитлерон «фашисттє єрра бирєгътау лєбурдтой нє бєстємє. Хъєуы нєлгоймєгтєй ничиуал баззад. Иууылдєр ацыдысты знаджы 1«ыхмє тохмє... >’ Йє фыды ацыды фєстє бирє фєхъуыды кодта Таймураз. Дыккаг бон хъєуы фос єрємбырд кодта ємє сє хизьшмє •аскъєрдта. ;) Уыди диссаджы райдзаст бои. Хъєды рєсугъддзинадєй •зєрдє рєсугъд кодта. Хъєдрєбын фєззыгєнд цъєх-цъєхид дардта. Изєрырдєм хур аныгуылди. Таймураз бадти ємє фєлгєсыди фєйнєрдєм. Євиппайды хъєды сєрмє фєзынд ’хєдтєхєг. Таймуразы хъустыл ауад цавєрдєр зєрдєризын- тєнєг єхситт. Уалынмє зєхх нынкъуыст ємыр срємыгъдєй. Таймура- зєн йє цєстытє атарытє сты, цыдєр хъарм єрлєсєн кодта •сєрыл, цєсгомыл, єруєззау сєр, ємє Таймураз дєлгоммє •гхауд. Гитлерон фашисттє бирє хъєдгємттє ныууагътой нє •адємы зєрдєты. Мах не ’ппєты дєр фєнды, цємєй зєххыл макуал уа хєст. (Г є б ы с а т ы А.) 72 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут хъуыдыйєдтє. Бынаты фадєтты бын ба- .хахх кєнут. Банысан кєнут, цавєр бастдзинадєй баст сты зєгъинєгтимє. X у ы з є г: Бады Фырдє уаты (ємарєзт). 1. Бады фырдє уаты. (Дєбе) 2. Фырдє тас бандоныл єрє- вєрдта. 3. Тасы бын стыр ємпъузєн хуыссы. (Дєбе) 4. Хъєу- <5єстє лєвєрттє єрвыстой фронтмє. (Гаглойты В.) 5. Раджы хохы цъуппєй касти иу єрра фыййау. (Къоста) 6. Ам ис бирє рєсугъд бынєттє. (Газетєй) 8. Хъєубынмє рацыдыстєм иумє. (Цєгєраты М.) 9. Рацыди Марине фєстємє йє. цєссыгтє кал- 43
гє. (Цомахъ) 10. Хъєуы нє арвитыи къордтє колхозтєм, сов- хозтєм ємє хъєутєм. («Фидиуєг») 11. Хъєугєроиєй хъуысти дзаг уєрдєтты цєлхыты хъинцъ-хъинцъ. (Дєбе) 12. Бєзджын сау мигътє Хъивоиы ’фцєгыл уєлємє сбырыдысты. (Цєгєра- ты М) 13. Театры дыргъдоны цур ныхас кодтой дыуує євзоиг адєймаджы. (А. Кутатели) 14. Павел кєдємдєр касти. (М. Горький) 15. Сзынди фєлурс мигъты ’хсєиєй мєй. (Нига) § 24. Архайды хуызы фадат. Архайды хуызы фадат нысан кєны архайды цыды хуыз- тє кєнє єууєлтє ємє домынц фарстытє: куыд? куыдєй? кєйау? цєйау? цал хагптпы? цєй хуызєн? Цєвиттонтє: Тагъддєр уайут уе скъоламє. (Ємбалаты Ц.) Куыд уайут? — Тагъддєр (фєрсдзырд). Айнєгыл, сємбєлы фатпау. (номдар хуыз. х.) Куыд сєм- бєлы? Цєйау сємбєлы? — Фатау. Нарєг къєйджын комєй ниугсе, лакъонєй Пацъадон бырсы. (Плиты X.) Куыд бырсы? Цы мигєнгє бырсы? — Ниу- гє (фєрссагми). Архайды хуызы фадатєй вєййынц фєрсдзырдтє, фєрссаг- митє ємє хуызєнон хауєны номдартє. 73 ФЄЛТЄРЄН. Сбєрєг кєнут архайды хуызы фадєттє ємє, ца- вєр ныхасы хєйттє сты, уый. 1. Уый цырдгомау фестадис йє бынатєй. (Бесаты Т.) 2. Ноджы рєсугъддєрєй нєм зыны нє райсом. (Бесаты Т.) 3. Єнєдзургєйє мєнєуы хуымты єхсєн араст сты. (Уырый- мєгты Е.) 4. Афтє арєх дзырдта зєронд Уыгъалыхъ йє ус Сос- къайы чызг Хозианєн. (Дєбе) 5. Фєлє бирє нє ахаста уыцы ныфс Уыгъалыхъєи. (Дєбе) 6. Гъеныр байдйдтой хєлєрттє зєрдиагєй цєл кєнын. (Арсен) 7. Євиппайды Карум нырри- уыгъта Исахъы зарєг. (Арсен) 8. Ємє фєхудти фєлмєн йє мидбыл. (Дзугаты Г.) 9. Афтє ныхєстєгєнгє бахєццє стєм стыр доны цурмє. (Арсен) 10. Нє рыг цєсгємттє ныхсадтам уєд хъєрмуст доиєй дзєбєх (Хъайтыхъты Г.) 74 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут фєлтєрєн. Баххах кєнут архайды хуызы фадєтты бын. Банысан кєнут, цавєр ныхасы хєйттє сты. Хуызєг: Скъоладзау рєсугъд (фєрсдзырд) фыссы. 1. Хєдзарєй єд хъримаг цырд рагєпп кодта пъырыстыф. (Дзадтиаты Т.) 2. Нартхоры євзартє зындысты цъєх-цъєхид денджызы хуызєн (Бекъойты Е.) 3. Ногдзыд євзартау рєсугъд ємє буцєй гуырдысты зєрдєйы єнкъарєнтє. (Бекъойты Е.у 44
ЁХ Замирє иннє хосдзаутау куыста райсомєй изєрмє. Уыдо- даєй євзєрдєр иє арєхст ємє къаддєр иє бакуыста. (Газе- \0&й) 5. АдєМ лидзынц ємє лидзынц хъєугай, чыртє-чыртєй, ^угєйттєй. (Плиты И.) 6. Бєрзоидєй, мєстджыиєй, єд зарєг, }$Ь& хъазт Цъєйы дон фынк калгє єрхауы єваст. 7. Бырсы ємє ^ары фынккалгєйє дон. (Гулуты А.) 8. Мигътє єрхауыи єв- ^вонгєй уєлдєфы єрцауындзєг сты. (ЦЬегєраты М.) 9. Мє раз- ^мє єнє змєлгє лєууыд чысыл дыргъдон. (Белиашвили А.) 11.6. Ноджы тынгдєр анєрстысты євзонг тугдадзинтє. Зєрдє ?Дзєбугєй хойєгау кодта. (Бекъойты Е.) 11. Афтє єрвыстон єз $де ’взоиджы боитє. (Зєгъойты С.) 12. Дои стыр хъуына дурты ’хсєнты тагъд размє уади. (Санахъоты У.) § 25. Єфсоны фадат. Єфсоны фадат фєнысан кєны, архайды цы аххосєгтє фє- зынын кєнынц, уыдоны ємє домы фарстытє: цємєн? цєй тыххєй? цєй руаджы? цємє гєсгє? цы аххосєй? "• Ие рагъ афасти фырнєрстєй. (Къоста) Цємєи афас- ^ти? — Фырнєрстєй. Дєумє гєсгє ма єз дєр мє куыстмє нє ацыдтєн. 1(Епхиты Т.) Цємє гєсгє иє ацыдтєи? — Дєумє гєсгє. !:" Зулкъ єлгъєй мард. (Загъдау) Цєй аххосєй мард? — ^Єлгъєй. Єфсоиы фадєттєй хъуыдыйады вєййыпц иртєстон хаує- йы євєрд номдартє, иифинитивтє, фєсєвєрдтє тыххєй, фє- <дыл ємє гєсгє номдартимє кєнє номивджытимє бастєй. Фыд ныззєронд йєзыншєйу йє цардєй. (Цомахъ) Тамако дымы- нєй сбур. Уый тыххєй єз дєр нал ацыдтєн. 75 ФЄЛТЄРЄН. Ссарут єфсоны фадєттє ємє равзарут, цавєр ны- хасы хєйттє сты, уый. 1. Фырєфсєрмєй йє уадултє асырх сты. 2. Дысон уазалєй дєттє ныссалдысты. Уый тыххєй ныр къахдзоныгътыл бырын- мє цєуєм. 3. Дєбемє гєсгє мах дєр кєсаг ахсынмє нал ацы- дыстєм. 4. Нал кєуы сидзєр сыдєй. (Нигер) 5. Бафєллад кєуынєй бинонты кєстєр. (Къоста) 6. Цытджын Калачы йє зарды руаджы сєндєтты бадти. (Къоста) 7. Тєсєй идєдз єрв- дзєфау фєцис. (Плиты Г.) 8. Дойныйє амєлдзєн денджызы былыл. (Кадєг) 9. Фыр фєлладєй євиппайды афынєй. 10. Иє єгуыдзєджы тыххєй ахуыр дєр нал скодта. 76 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут хъуыдыйєдтє. Бахахх кєнут єфсоны фа- •Дєтты бын. Сє фарсмє сын ныффыссут сє фарстытє. Уыцы тарстєй Мєхємєт уынгмє рацєуын нал уєндыди. (Дзадтиаты Т.) 2. О, тєрхъус, ма мєм хъус! — Кєрдзыныл 45
кєуын. (Къоста) 3. Уєйыг бахудти фырцинєй. (Къоста) 4. Єъ дєу тыххєй рахицєн дєн мє фыдєй, мє хєстєджытєй. (Дє- бе) 5. Иє лєппу Георгийы мєтєй сфыдхуыз Пело. (Дєбе) 6. Ба- рєй дєм лємєгъ лєууыдтєн... (Къоста) 7. Фыр тєсєй барызтш мєгуыр лєг. (Аргъау) 8. Йєхи фыдєнєн йє цыхт нє хордта. (Къоста) 9. Єппынєрєджиау Ахлємыр фыр фєлладєй єркув- єркув кодта. (Бязырты Д.) 10. Хємыц єфсєрмєй ссыгъд. (Аргъау). 11. Магусайы наеггын ємє хъєрзынєй зєрдє уын- гєг кодта. (Аргъау) 12. Дє цєстытє фынєйє ныррєсыдыстьк (Нига) § 26. Нысаны фадат. Нысаны фадат амоны, архайд цы фєстиуєгєн хъєуы кєнє- архайды цыдєн фєстагмє цы нысаниуєг ис, уый ємє домы фарстытє: цємє? цєй тыххєй? цємєн? цы хъуыддагєн? Нарт цыдысты фурды былмє хъулєй хъазынмє.(Ка- дєг) Цємє цыдысты? — Хъазынмє. Колхозєн баххуысмє Дзєуджыхъєуы рабфачы фєсивєд єрцєуынмє хъавынц. (Цомахъ) Цємє цєуынмє хъавынц? — баххуысмє. Мах цєуєм хъєдмє мєнєргъымє (ома мєнєргъы тонын- мє). Цємє цєуєм хъєдмє? — Мєнєргъымє, мєнєргъы то- нынмє. Нысаны фадатєй хъуыдыйады арєхдєр вєййынц арєзтон хауєны євєрд инфинитивтє ємє номдартє. Фиппаинаг. Єфсоны ємє нысаны фадєттєн сє фарстытє єнгєс кєй сты, уый тыххєй сє хатгай фєхєццє кєнынц. Зєрдыл дарын хъєуы: єфсоны уавєр кєнє архайд єрцєуы зєгъинаджы архайды размє кєнє* йе ’мрєстєджы; фырцинєй (цємєн?) кафыд. Нысаны хъуыддаг кєнє архайд та єрцєуы зєгъинаджы архайды фєстє: Мєскуымє цєуык (цємє?) ахуыр кєнынмє. Фєхудынєн (цы хъуыддагєн?) сын анекдог радзырдта. 77 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы хъуыдыйєдтє. Бахахх кєиут нысаны фадєтты бын. 1. Дзула єлдєртты хъєдєй тулдзытє раласта йєхицєн са- райы цєджындзтєн. (Дєбе) 2. Уыцы адєм иууылдєр цыдысты хєринаг агурынмє. (Арсен) 3. Карум ахєссы Цхинвалмє уєй- кєнынмє алцы дєр: хъыбылтє, кєрчытє, єйчытє ємє єндєр истытє. (Арсен) 4. «Дєу фенынмє рацыдыстєм», — дзуапп рад- та Дзерассє. (Цєгєраты М.) 5. Ацы чызг нєм агрономєй кусынмє єрцыд. (Гафез) 6. Фєрссаг лєг, дыгурон, йє хъазтє уєймє, фєцєйтардта иу бон єлдары хъєумє. (Къоста) 7. «Дєу дзы бахиздзыиєн», — зєрдєєлхєнынєн загътон єз. (Гафез) 8. Габрелы ахуырмє єрвитдзынєн. (Гафез) 9. (Агуындє дзау- мєттє єхсадта кєрты ємє бауад хєдзармє сапон рахєссынмє* 46
куы рацыд, уєд баййєфта дзаумєтты раз иу чызджы ємє иєт дзуры). Мєнє сапонмє бауадтєн. (Гафез) 10. Уый ма цыдєр- фыдбылызєн бауад скъєтмє рынчын хъуг бєрєггєнєг.. (Гафез) 11. Адєм рагєй цєуын байдыдтой Мосемє лєгъзтємє.. (Санахъоты Н.) 78 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы хъуыдыйєдтє. Бахахх кєнут нысаны. фадєтты бын.. Сє сєрмє сын єрфыссут, цавєр ныхасы хєйттєй сты, уый. 1. Азауы ма уыцы иунєг ныхас хъуыдис йє зєрдє басєт-- тынєн. (Секъа) 2. Єхсар єрвыст єрцыд горєтмє ахуырмє. (Дзадтиаты Т.) 3. Уайєм хъєдмє єхсєрмє, зарджытє кєнгє.. 4. Ацы бон ацыдтєн сєгуыттє марынмє. (Къубалты А.) 5. Цард, цєрынєн у. (Ємбисонд) 6. Єз єхсєз хатты фос байуарынмє; бєллыдтєн... (Къоста) 7. Адєм тырнынц фидыдадмє єппєг дунейыл. 8. Адєймаг театрмє уымєн бацєуы, цємєй дзы исты єхцон банкъара. (Гуыцмєзты М.) 79 ФЄЛТЄРЄН. Радзурут єфсоны ємє нысаны фадєттє, стєй зєгъут,. цавєр ныхасы хєйттєй конд сты, уый. 1. Иргъєвынмє сєм цыдысты єндєр хъєутєй. (Къоста)л 2. Уєддєр-иу Тегойы хаттєй-хатт исчи бацагуырдта афыссыны} тыххєй. (Арсен) 3. Адєргєй фестади, мидбынаты рауай-бауай. акодта ємє нынниудта. (Арсен) 4. Нал у ныр дє фыд йє сєрєн»: сау хєххон куыстєй... (Къоста) 5. Ай та уєлєуыл єлгъин уыд: йє хъєздыгєй. (Къоста) 6. Ай-иу йє карзєй, йє налат хуыс- нєгдзауєй сєфтмє єртардта хъєу. (Къоста) 7. Уый дєр Мани- дзєйы уарзондзинадєй артау сыгъд. (Секъа) 8. Бибойы арвыс- той хос кєрдынмє. (Епхиты Т ) 9. Нинє дєр-иу иннє усмє гєс- гє аиызта. (Арсен) 10. Уый барєй йєхи ныхъхъус кодта. § 27. Фадєтты бастдзинад зєгъинагимє. 1. Хъуыдыйады мидєг номдартє бынаты ємє афоны фа- дєттє куы уой, уєд зєгъинєгтимє баст єрцєуынц ємарєзты руаджы ємє арєхдєр фєлєууынц мидєгбынатон, єддагбына- тон ємє иртєстон хауєнты. Колхозонтє кусынц цєхєрадоны (мидєгбынатон ха- уєн). Сау айнєджы рындзыл (єддагб. х.) Нары хъєу хуыс- сьи (Къоста) Раджы хохы цъуппєй (ирт. х.) кастпи иу єр- ра фиййау. (Къоста) Сабатпы (мидєгб. х.) футболєй лъазы- дыстпы. Къуырисєрєй (ирт. х.) цыппєрєммє (арєзт. х.). євзонг натуралисттє садздзыстпы дыргъ бєлєсты талатє. 2. Фєрсдзырдтє хъуыдыйады мидєг фадєттє куы уой, уєд зєгъинагимє баст єрцєуынц єфтыдады руаджы. 47
Абон хур єрбакаст коммє. (Цомахъ) Уым картоф дзє- бєх зайы. Тагъд мє хъєрмє фєзын. (Къоста) Дзєвгар абадтысты цыппар лєджы. (Арсен) Барсвй дєм лємєгъ лєууыдтєн. (Къоста) 80 ФЄЛТЄРЄН. Сбєрєг кєнут фадєттє ємє зєгышєгш єхсєн баст- -дзинєдты хуызтє. 1. Єхсар євдєм къласы ахуыр кєны. 2. Августы хохмє цєуыи. 3. Дайраны комы Терчы дон фєйлаугє бырсы. 4. Цырд ’фєуайы йє куыстмє. 5. Нинє арєхсгє хуыйы ног хєдон. ’6. Сєрды фєскомцєдисонтє хох*мє хос кєрдынмє цєудзысты. 7. Дзєгъєл хъєрєй алчи дєр фєлмєцы. 8. Дзауы курортмє ахсєны иизтєй дзєбєх кєнынмє фєцєуынц. 9. Машинє фыц- цаг сабыргай атылд, стєй уыцы гєпп аласта. (Цєгєраты М.) 10. Уєлгоммє рахауди тулдз бєласы хуызєн. (Къубалты А.) 81 ФЄЛТЄРЄН. Саразут бастдзинады хуызтє євдисєг схемєтє фыц- адг ємє цыппєрєм хъуыдыйєдтєн. Зєгъєм, цєвиттонєн афтє: Тотрадзитє єрдєбон стадионмє тагъд-тагъд фєцєйцыдысты Тотрадзитє +¦ > фєцєйцыдысты єрдєбон стадионмє тагъд-тагъд кєд? кєдєм? куыд? афоны фадат бынаты фадат архайды хуызы фадат 82 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы хъуыдыйєдтє. Саразут фатєгтє зєгъина- тєй фадєттєм. Фєнысан кєнут, цавєр бастдзинад ис се ’хсєн. X у ы з є г: Колхозонтє цырд фєцєйцыдысты (ємарєзт) быдырмє кусынмє. 1. Мєйы зынг цєст зынди сыфтєрты аууонєй. (Нига) 2. За- лиханыл сємбєлд євиппайды хабар. (Дзадтиаты Т.) 3. Ныхас мєм рєсугъд нє фєкаст. (Барахъты Г.) 4. Єхсєв стыр минас уыдис Аслємбеджы хєдзары. (Арсен) 5. Дєхци цыди тракторы фєрсты. (Дєбе) 6. Фєсивєдєн сє фєстє лєгтє тєрхонгєнгє фєцєуынц. (Хъуылаты С.) 48
IV. ДЗЫРДТЫ РЄНХЪЄВЄРД ХУЫМЄТЄГ ХЪУЫДЫЙАДЫ Мах фєзєгъєм Коцойты Арсен, Гєдиаты Секъа, Мамсы- раты Дєбе, ома фыццаг сдзурєм адєймагєн йє мыггаджы ном, стєи та — нєхи сєрмагопд ном. Фєлє уый алы євзаджы афтє нєу. Уырыссагау та фєзєгъынц Александр Пушкин, Иван Тур- тенев, Максим Горький, ома уырыссагау фыццаг сдзурынц сєр- ’магонд ком, стєн та уый фєстє мыггаджы ном. Ироиау фидауы зєгъын Терчы док, Беслєны хъєу, Абайты хъєу, уырыссагау та фєзєгъынц река Терек, река Москва, село Беслан, ома пронау фыццаг фєзєгъынц сєрмагонд ном, стєй та дзырдтє «дон» кєнє «хъєу», уырыссагау та фыццаг фєзє- гъынц дзырд «река» кєнє «село», стєй та сє сєрмагоид нємт- тє. Афтє алы євзаджы дєр дзырдтєн ис сєхи бынєттє. Хъуыдыйады мидєг, дзырдты кєрєдзийыл бєтгєйє, ахс- джиаг иысаниуєг ис дзырдты бынєттєн дєр, кєрєдзийы фєдыл куыд євєрд вєййынц, уымєн. Цємєй скъоладзауты раныхас ’кєнє фыссыны куыст аивдєр рауайа, уын тыххєй зєрдыл да- рын хъєуы дзырдты рєнхъєвєрды єгъдєуттє. § 28. Бєрєггєнєны бынат. Бєрєггєнєн вєййы бєрєггєнинаг дзырды хєд размє: Хъызт зымєг, тыхст зымєг — иє катай, нє мєт. (Къоста) Иунєг лєппу йыи уыд саугуырм зєронд лєгєи. (Къоста). Тєху- ды — йє уарзондзинад, йє хорз ном, нє фыдєлты кад чи уадзы уєлєуыл зєрондєй. (Коста). Поэтикон ныхасы хатгай бєрєггєнєн євєрд єрцєуы бє- рєггєнинаг дзырды фєстє дєр, кєм рифмєйы тыххєй, кєм та дзырды ахадындзииад фєтыхджындєрєн. Калмау мын мє риу Судзгє баууылдта Маст — зєрдєхалєн... (Къоста. «Фесєф») 4. Бязырты А. 49
Єнєуи фєзєгъынц «зєрдєхалєн маст». Иє фысымы фєсонєй Уый дамбаца єхсонджын Хєрз цадєггай сласы. (X ъ у ы л а т ы С. «Тотырадзы зарєг») Єнєуи фєзєгъынц «єхсонджын дамбаца». § 29. Сєйраты бынат. Сєйрат арєхдєр фєлєууы хъуыдыйады мидєг зєгъина- джы разєй. Сєйрат ємє зєгъинаг дзырдты рєнхъєвєрды цы бынєттє бацахсынц, уый баст у, хъуыдыйад йєхєдєг цавєр уацмысты жанры ис, уыимє. Єркєсєм цєвиттонтєм. 1967 азы рацыд чи- ныг «Хуссар Ирыстоны фысджытє». Уым лєвєрдєуы алыхуы- зон факттє фысджыты цард ємє сфєлдыстадєй, ємє чиныджы уацтєн ис справкєйы ахаст. Куыдєй райдайынц уым темєтє «Гулиты Ефим», «Тедеты Бетъре», «Тыбылты Алыксандр» ємє «Асаты Реуаз»? «Гулиты Сєбайы фырт Ефим (йє псевдоним Хъазмєхє- мєт) райгуырди 1871 азы Цєгат Ирыстоны Хъєдгєроны хъє- уы...»; «Тедеты Гулийы фырт Бетъре райгуырд 1871 азы Хуссар Ирыстоны Дзауы хъєуы зєхкусєг хєдзары...»; «Тыбылты Алык- сандр (йє псевдоним Хосдзау) уыди, ирон адємєн стыр лєг- гєдтє чи бакодта, уыдонєй иу...»; «Асаты Иикъалайы фырт Реуаз райгуырди 1923 азы Къахеты, Ахметъайы районы Къу- тъахтєйы хъєуы мєгуыр зєхкусєг бинонты єхсєн...» Ам алы хъуыдыйад дєр райдайы сєйратєй ємє дзы сєйрат лєууы зєгъинаджы разєй. 1968 азы скъоладзаутєн мыхуыры рауагътой чиныг «За- рубежные страны» (Детская энциклоисдия). Ацы чиныджы дєт- тынц хицєн факттє фєсарєйиаг паддзахады уаг ємє цардєй> ємє чиныджы уацтєн ис справкєйы ахаст. Куыд райдайынц ам та темєтє — «Полынє», «Португали», «Ирак», Китай»? «Польшєйы адємон Республикє ис Централон Европє- йы...»; «Португали ис Пиренейы єрдєгсакъадахы ныгуылєны ємє йын ахсы йе ’хсєзєм хайы бєрц...»; «Иракы республикє у Араббаг Хурскєсєны паддзахадтєй иу...»; «Китайы Адємон Республикє ис Хурскєсєн ємє Централон Азийы...» Ам дєр хъуыдыйєдтє райдайынц сєйратєй, ємє сєйрат лєууы зєгъинаджы разєй. Афтє ахуыргєнєн чннгуыты, биографиты, характеристикє- 50
?ты, дзырдуєтты, справкєты ємє уыдоны єнгєс уацты хъуыды- йєдтє арєх райдайынц сєйратєй ємє сє сєйрат фєлєууы зє- .гъинаджы разєй. Сєйратєн райдайыны фєтк аивадон литературон ємє фольклорон уацмысты нє зыны. Єркєсєм цєвиттонтєм. 1868 азы Петербурджы (Ленинграды) мыхуыры рацыд ирон фоль- клорон уацмысты чиныг «Осетинские тексты». Куыдєй райда- йынц уым та рагон аргъєуттє? «Раджыма-раджы сыст ємє єхсынкъ уыди...»; «Раджыма-раджы иу єлдар уыди...»; «Иу хєххон єлдары фырт фехъуыста, иу быдырон єлдарєн хєрз рєсугъд чызг кєй ис...» ємє афтє єндєртє дєр. Аргъєутты райданєны хъуыдыйєдтє сєйратєй нє райда- йынц (справкє єнгєс уацтау), фєлє сє уєддєр сєйрат фєлєууы зєгъииаджы разєй. Аивадон уацмысты арєх сты эпи- теттє, бєрєггєнєнтє ємє барєнтє. Ємє сєйратєн йєхи- цєн зпитеттє кєнє бєрєггєнєнтє куы уа, уєд уыдон йє раз^- мє лєудзысты, ємє хъуыдыйад уыдонєй райдайдзєн, фєлє уєддєр сєйрат ємє йемє баст дзырдтє арєхдєр вєййынц зє- гъинаджы разєй. Цєвиттонєн зєгъгєйє, XIX єнусы ирои иоэзийы арєх сты зєгъинагыл фєуєвєг стихтє. Дысон бонмє бафынєй Ме уєнгтє нє куырдтой, Мє цєстытє дзагъырєй Єрцъыд кєнын нє куымдтой. (М а м с ы р а т ы Т. «Сагъєстє») Нырыккон поэзийы та ис сымбєлєн, сєйрат хъуыдыйады кєнє стихы кєрон кєм лєууы, ахємтыл. Цыдысты бонтє ємє азтє. Иє дарєс аивта ныр цард, Хид, туг єнєвгъауєй кєм калд, Каем єууєрста мєллєджы нард... (Н и г е р «Ног эрє») 83 ФЄЛТЄРЄН. Раиртасут бєрєггєнєн ємє бєрєггєнинаг дзырдты бынєттє, стєй та сєйрат ємє зєгышаджы бынєттє хъуыдыйады рєнхъ- євєрды. Рабєрєг ма кєнут Секъа ємє Арсены уацмысты мидєг хъуыдыйа- ды уєнгты бынєтты єууєлтє. Иу хорз уалдзыгон бон Єгайты хуссары сау фосы дзуг хи- зєнтыл ахєлиу сты. Лєппулєг фиййау Ахмєт рындзыл бадти. Иє фосы уындєй йє зєрдє рухс кодта ємє уадындзєй зары- ди. (Секъа) Уый фєдыл рагєпп кодта файтонєй єрмєст царм ємє 51
•стджытєй конд лєг, формєйы пальтойы, йє сєрыл фуражкє кокардєимє, йє уєхсчытыл чиновничы пъагонтє (Арсен). Ує- дєй фєстємє Калакмє арєх цєуын байдыдта Леуан. (Арсен) Бєрзонд, хъєуы сєрмє хибаргомау євєрд уыд иу хєдзар. Ча- партє уырдыгєй рандайынмє хъавыдысты хъєуыл знлын. Ра- цыди сє размє хєдзары хицау, єстайаздзыд зєронд лєг Гарсе- зан...». (Арсен)
V. ИУ СЄЙРАГ УЄНГ КЄМ ИС, АХЄМ ХУЫМЄТЄГ ХЪУЫДЫИЄДТЄ Сєйрат ємє зєгъинаг дыууєйє дєр кєм сты, ахєм хъуы- ^ыйєдтєй уєлдай ма вєййы, сєйрат кєм нєй кєнє зєгъинаг |5кєм нєй, ахємтє дєр. ^ Цєвиттон: Дзєуджыхъєу. Июль. Сєумєрайсом. Арв ног Ыврєгътєй ємбєрзт. Уєлдєфы — сєууон уазал ємє сатєг... р Афтє райдыдта Цомахъ бєлццоны фыстытє «Дзєуджы- йсъєуєй Сєнам.є», ам фыццаг єртє хъуыдыйады нєй зєгъи- Цнєгтє. ;!• Єхсєвы ныллєууыдыстєм лєгєты. Уайтагъд єрбабон. рыстадыстєм ємє та нє фєндаг адарддєр кодтам. |’". Ам дыккаг хъуыдыйады нєй сєйрат ємє дзы хъєугє дєр ^є кєны, уымєн ємє куы бафєрсєм, цы єрбабон? зєгъгє, уєд ;Ф1н дзуапп не ссардзыстєм. | Єрмєст иунєг сєйраг уєнг — зєгъинаг (єнє сєйратєй) [кєм уа, ахємтє сты єртє хуызон: бєлвырдцєсгомон хъуыды- рєдтє, єбєлвырдцєсгомон хъуыдыйєдтє ємє єнєцєсгомон |съуыдыйєдтє. • Єрмєст иунєг сєйраг уєнг — сєйрат (єнє зєгъинагєй) >кєм уа, ахєм хъуыдыйєдтє сты номхуындон хъуыдыйєдтє. у.’ I 84 ФЄЛТЄРЄН. Бацамонут, сєйраг уєнгтє дыууєйє дєр кєм сты,. |&тєй та сєйрат єнє зєгъинаг кєм ис, ахєм хъуыдыйєдтє, уый фєстє та &єгъинаг єнє сєйрат кєм и, ахємтє. $: . 1. Колхоз мєнєу карст фєци. Бавнєлдтой най кєнынмє. ЩЕпхиты Т.) 2. Єризєр. Нагъойєн йє зєрдє рысти... (Гулу- %ы А.) 3. Цєй ут! Знагєн у єхсызгон, куыст куы нє уа хорз, Йєстон. (Дзанайты С.) 4. Мєйтє, хуртє... Чи сє ’рхаста ардєм. ^ъайтыхъты Г.) 5. Фєсахсєвєр... Херсон нытталынг, нє уынг- рРы нал и, нал, зынєг. (Хъайтыхъты Г.) 6. Агуыридурєй астєрд $гєладзыг хєдзар. Хєдзары уєллаг хатєны хуссайраг фарс йгасєй дєр авгєй конд у. (Цєгєраты М.) 7. Тагъд єзгъорд- №рй санаторийы бонтє. Хъєлдзєг адєм, ног хєлєрттє... (Цєгє- Щйты М.) 8. Арф уынгєг ком. Сау айнєджы фахсєй Нар бын- ййє. єргъєвст цъиуау, кєсы. (Кочысаты М.) 5*
§ 30. Бєлвырдцєсгомон хъуыдыйєдтє Хъуыдыйады куы уа єрмєст иу сєйраг уєнг —цєсгомон мивдисєгєй конд зєгъинаг, уєд ахєм хъуыдыйад хонынц бєл- вырдцєсгомон. Мивдисєджы цєсгомон кєрон амоны архайєджы, ємє уєд хъуыдыйады сєйрат хатгай нал бахъєуы. Цєвиттонтє: Скъоладзаутє абон ацыдысты хъуццыты фер- мємє. Єнєхъєн бон хъазуатєй фєкуыстой. Изєры сє хє- дзєрттєм раздєхтысты. Ам цєсгомон мивдисджытє фєкуыстой ємє раздєхтысты амонынц архайджыты — сєйраты, уый тыххєй фєстаг дыуує хъуыдыйады дєр сты бєлвырдцєсгомои хъуыдыйєдтє (кєд сє сєйрат нєй, уєддєр). 85 ФЄЛТЄРЄН. Фыццаг рафыссут сєйрат єргомєй кєм ис, ахєм хъуыдыйєдтє, стєй та, цєсгом мивдисєджы формєйє кєм бєрєг кєны, ахємтє. Єхсєв талынг у нє цєрєн бынат. Рудзынджы састы дзєнг- дзєнг цєуы. Дымгє ниуы, даргъ єй ауадзы. Райхъал дєн. Ри- х зын уазалєй. Байхъуыстон. Нордын мєхи. Рудзынджы авг та ныррызт. Рудзынджы фєрссєгтєй ма цы хєлддзєгтє аззад, уыдоны дымгє тилы, хойы. Хєдзар банкъуыст... Гєртт-гєртт кєны зєронд лєг бызгъуырты бын. Иє хъуыр- хъуыр цєуы, къєдзтє кєны, стымбыл вєййы... Єз та мєхи ногєй єрбатымбыл кодтон. Курткєйє мєхи єрємбєрзтон. Иє нарєг дысты йын мє къухтє ауагътон, йє фєччитєй та йын мє сєр бамбєрзтон. Уазал у, мє гєртт-гєртт цєуы... Сыстадыстєм, єз райстон мє дзєкъул, уый та йє быз- гъуыртє. Фєцєуєм дуарырдєм... (Цомахъ. Сыбырмє хасты цардєй). 86 ФЄЛТЄРЄН. Ссарут ацы хъуыдынєдты зєгъинєгтє. Сє сєрмє сын єрфыссут, цавєр ныхасы хєнттє сты, уый. 1. Лєг лєджы кєддєриддєр бахъєудзєн. (Ємбисонд) 2. Бабу ахуыр кодта хъєууон скъолайы. Ахуыр кодта рєвдз. 3. Хъєу кодта тар фынєй. (Гафез) 4. Немыцаг ныхъхъєр кодта иу євзонг гомсєр сылгоймагыл. (Газетєй) 5. Калм калмєй рав- зєры. (Ємбисонд) 6. Уырызмєг саргъы гоппыл фєхєцыд ємє цєрдєг сгєпп кодта. (Аргъау) 7. Сауи єлдары кєрты фєми- дєг. (Аргъау) 8. Арф кємтты цєугєдєттє ныйих сты. (Беса- ты Т.) 9. Єз фєцардтєн єртєфондзыссєдз азы. Дзєвгар хур федтон. (Мыртазты Б.) 54
§ 31. Єбєлвырдцєсгомон хъуыдыйєдтє. Єбєлвырдцєсгомон хонынц, йє зєгъинаг бєлвырд арха- йєгмє кємєн нє хауы, ахєм хъуыдыйад. Карчы цъиуты фєззєг фєнымайынц. Ацы хъуыдыйады мивдисєг кєд бирєуон нымєцы єртыккаг цєсгомы формє у, уєддєр бєлвырд адєймєгты кєнє цєсгємтты къорд нє амоны {зєгъєм, куыд хъуыдыйады: Габо ємє Бибо карчы цъиуты <рєззєг фєнымайынц). Зєгъинаг фєнымайынц хауы, карчы цъиутє бахынцын кєй бахъєуы, уыдонєй алкємє дєр. Ахєм Хъуыдыйад у єбєлвырдцєсгомон хъуыдыйад. Цы байтауай, уый єркєрддзынє. Ам та зєгъинаг ис иууон нымєцы дыккаг цєсгомы, фєлє ам дєр бєлвырд искємє нє амоны. Ацы хъуыдыйадєн ахєм хуызы зєгъєн ис алкєй тыххєй дєр, кєцы фєнды цєсгомы ємє нымєцы куы уа, уєддєр. Єбєлвырдцєсгомон хъуыдыйады мидєг зєгъинагєн кєд- дєриддєр вєййы кєнє бирєуон нымєцы єртыккаг цєсгомы формє кєнє та иууон нымєцы дыккаг цєсгомы формє. Єбєлвырдцєсгомон хъуыдыйєдты арєхдєр фєдзурынц ємбисєндты, єрфыстыты ємє єнд. 87 ФЄЛТЄРЄН. Бацамонут єбєлвырдцєсгомон хъуыдыйєдтє. 1. Уыдон айк мєцъисєй фєлдахынц. 2. Бєлас гуыппы тых- хєй нє калынц. 3. Дурмє фєнды дзур, фєнды ма. 4. Иу михыл кау нє бийынц. 5. Митєй мєсгуытє амайы. 6. Уайгє бєхєй єрду ратондзєн. 7. Уазєджы аргъєуттєй не ’фсадынц. 8. Халон йє уєны кєсы. 9. Мурат дынджыр хъєд мєцъисєй афєлдєхта. 10. Чидєр иу айкєй йє уєлдай ныууагъта. 11. Адєймагєн єр- мєст йє хуызмє ма кєс. 12. Сывєллєттє митєй мєегуытє самадтой. 88 ФЄЛТЄРЄН. Саразут єбєлвырдцєсгомон хъуыдыйєдтє мєнє ацы бєлвырд цєсгомон хъуыдыйєдтєй. Хуызєг: Гутнаты Данел зымєгмє суг сєрд фєцєттє кєны. — Зымєгмє суг сєрд фєцєттє кєнынц. 1. Єхсары фыд Аго раджы заманы мєнєу єхсырфєй карс- та. 2. Иыр та мєнєу йє фырт комбайнєй фєкєрды. 3. Цы фыс- сынц ногєй газеты корреспонденттє Мисурєт ємє Тембол? 4. Цєрай сусєг зарєг хъєрєй нє фєзары. 5. Гацыр скъоламє алы бон дєр афоныл фєцєуы. (Ам спайда кєнут дзырд хъєуы-йє). 89 ФЄЛТЄРЄН. Саразут ацы цєсгомон хъуыдыйєдтєй єнєцєсгомон хъуыдыйєдтє. Хуызєг: Євзонг натуралист Аслан хъєдындзы хуымтє донєй изєры бапырх кєны. — Хъєдындзы хуымты донєй изєры бапырх чындєуы. (Зєрдыл дарут — єиєцєсгомон хъуыдыйєдты зєгышагєн нє вєййы сбєт- тєн номон хауєны цєсгомон номивджытимє). 55
1. Хъазбег фєскуыст фынєй кєны. (Спайда кєнут дзырд- тєй — фєнды, цєуы.) 2. Ды фыссыс уацхъуыд. (Спайда кєнут дзырдтєй — хъєуы, ємбєлы.) 3. Нє бригад нартхоры хуым хорз барывта. (Спайда кєнут єнєцєсгомон мивдисєгєй.) 4. Хъуццыты фермєйы фєскомцєдисонтє зымєгмє дзєбєх ба- цєттє кодтой. (Сиайда кєнут дзырдєй — чындєуыд.) 5. Пио- нертє сє клубы Фыццаг майы бєрєгбонмє срєсугъд кодтой. ч 90 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут фыццаг єнєцєсгом хъуыдыиєдта\ ста?й та єбєлвырдцєсгомон хъуыдьшєдтє. 1. Дунетєй хуыздєр куы фестай, гъе уєддєр дєхи уд ма стау. (Къоста) 2. Дє фыдєлтє рухсаг, дєхєдєг мын бєзз/ (Къоста) 3. Баизєр ис. Хуры тын батадис Эльбрусыл. (Къоста) 4. Ницы мын у, не ’фсии, ма тєрс! (Дєбе) 5. Мє бон сын ницє- мєй баххуыс кєнын у. (Дєбе) 6. Єризєр. Фєталынг. Зєххыл иыббадтис тъєпєн мигъ. (Дєбе) 7. Ницы, дєуєй нєрвнємєг нєй, Фырдє. Фєлє уєд та єрчъиаг зилыимє куы сарєхсис, уєд нємгє мєхєдєг єркєнин. (Дєбе) 8. Єфсєйнаг йє тєвдыл хо- йын хъєуы. 9. Иу рувасєй дыуує цармы не стыгъдєуы. 10. Ху- динаг дын у, лєппу. Дє фыд Годах дє цахъхъєнєй цуаны цыди, ды та топп єхсын дєр нєма зоныс. (Арсен) 11. Єнафон у, ныр хъєумє хъусын кєнынмє цєуынєн. (Арсен) 12. Иыр мєнєу комбайнтєй фєкєрдынц. 13. Ахєм ныхєстє арєх фехъуыстє- уыдаид хъєубєсты. (Арсен) 14. Иу єрєгвєззєг, раст ємбисєх- сєв, Таджимє бадзырдєуыд. (Секъа) § 32. Єнєцєсгомои хъуыдыйєдтє. Хєдзары пецы фарсмє бадынц чидєртє, ємє сє иу сдзырдта: »Ам куыд дзєбєх хъарм у1 Уєд иннє афтє ба- кодта: „Єдде тпынг уазал у абон". Дыуує хъуыдыйады дєр сєйрєттє нєй ємє дзы хъєугє дєр нє кєнынц. Адоны нєн бафєрсєн цы уазал у? зєгъгє, нєдєр ыи дзуапп радтєн ис. Бафєрсєн ис кєм у/хъарм? —Хєдзары, ам. Кєм у уазал?— Єдде. Кєд у уазал? — Абон. Фєлє дзуаппєн сєйрат чи дома, ахєм фарст радтєн нєй. Сєйрат кєм нєй, ємє зєгъинаг цєсгом кєм нє амоны, ахєм хъуыдыйєдтє хонынц єнєцєсгомон хъуыдыйєдтє. 1. Єнєцєсгомон хъуыдыйєдтєй арєхдєр пакда кєнынц єрдзы фєзындтыл дзургєйє. Єрбабон и. Бахсєв ис. Єрбауазал кодта. Фєлдзєгъдєн кєны. Сєлфынєг кєны. 2. Єнєцєсгомон хъуыдыйєдтєй пайда кєнынц адєйма- джы зєрдєйы уагыл дзургєйє. Ємє уєд зєгъинагєй вєййынц 56
инфиннтивнмє бастєй єртыккаг цєсгомы хуызы мивдисджытє: фєнды, хъєуы, уырны, єнтысы, ємбєлы, єедєлыг цєуы, фєтчы, нєй. Ацы мивдисджытимє иомдар вєййы баст, сєйратау, номон хауєны нє, фєлє фєрссаг хауєнты. Хетєджы фєнды хуыссын (Хетєджы — єххєстгєнєн). Хетєгмє цєуы хуыссын (Хетєгмє — єххєстгєнєн). Хетєгєн ємбєлы хуыссын (Хетєгєн — єххєстгєнєн). Мєн фєнды кусын (Мєн — єххєстгєнєн). Мєнмє цєуы кусын (Мєнмє — єххєстгєнєн). Мєнєн ємбєлы кусын (Мєнєн—• єххєстгєнєн). Хетєг кусы. Ам Хетєг у номон хауєны номдар, нысан кє- ны архайєджы: чи-кусы? — Хетєг. Хетєг уыдзєн сєйрат. Хетєгєн ємбєлы кусын. Ам Хетєгєи у дєттынон хауєньг номдар: кємєн ємбєлы кусыи? — Хетєгєн. Ємє кєд хъуыды- йады мидєг уый кой кєиєм, уєддєр ын сєйратыл банымайєн нєй, уымєи ємє сєйрат домы фарстытє чи? цы? ємє вєййы номон хауєны. Хетєгєн у ам єххєстгєнєн. Фиппаинаг. Мивдисджытє фєнды, хъєуы, ємбєлы ємє иннєта? сє формєйє єртыккаг цєсгомы формєйы хуызєн сты, фєлє єртыккаг цєсгом нє нысан кєиынц. Уымєи ємє єртыккаг цєсгомы мивдисєгимє баст архайєджы нысангєнєг номдар вєййы номон хауєны, зєгъєм: Хетєг кусы, Саго ахуыр кєны. Фєлє єнєцєсгомон мивдисджытє фєн- ды, хъєуы, ємбєлы ємє иннєтимє баст номдар вєййы дєттынон, арєз- тон ємє гуырынон хауєиты, зєгъєм: Хетєджы фєнды, Сагойєн ємбє- лы, лєппумє хуыссын цєуы. 3. Єнєцєсгомон хъуыдыйады ма зєгъинагєй вєййынц миногми ємє уын-ы формєтєй аразгє єнєцєсгомон мивдис- джытє: арєзт-є-уы, хастєуыд, чындєуыд, фєтардєуыдзєн, загъдєуыдаыд ємє єндєртє. Нє рєгъау нын фєтардєуыд. (Харитон) Ам цыма сєйрат рєгъау у, уый хуызєн зыны, фєлє афтє нєу. Сєйрат архайєг уыдзєн, рєгъауы чи фєтардта, уый. Ам та рєгъауєн йєхи тєрынц, архайд комкоммє рєгъауыл цєуы ємє рєгъау комкоммє єххєстгєнєн у. Цы фєтєрынц? Цы фєтардєуыд? Рєгаъу. Сєйраты ссарынєн дзы бафєрсєн дєр нєй. Нєй бафєрсєн: чи фєтардєуыд? — зєгъгє. Сєйрат дзы нєй ємє дзы хъєугє дєр нє кєны. Минєты скъоламє акондєуыд. Комкоммє єххєстгєнєн- Минєты дзуаип дєтты фарстєн кєй акондєуыд? Ахєм єнє- цєсгомон хъуыдыйєдты архайды объект адєймаг куы уа, уєд єргомєй зыны, объект номон хауєны кєй нєй ємє сєйрат дєр кєй нє у, уый. 91 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы хъуыдыйєдтє ємє дзы бахахх кєнуг зєгъинєгтє. 1. Нє дє фєнды скъоламє цєуын, ахуыр кєнын? (Дєбе) 2. Абоны онг нєм йє къахыл нє фендєуыд дзабыр сєракєй. 57
Щъоста) 3. Кєдєм дє фєлыгъдєуа! (Дзесты К) 4. Фєскуыст адєймагмє хєрын фєцєуы. (Дєбе) 5. Бирєйы фєфєнды рай- -сомєй хуыссын. (Къоста) 6. Цємєн дє хъєуы найын та? (Дє- <бе) 7. Уазал мын у. 8. Єххормагмє хєрын цєуы. 9. Дойны мын нєу. 10. Муратмє цай цымын цєуы. 11. Абон мє не ’вдєлы. Єнєцєсгомон хъуыдыйады схемє. 92 ФЄЛТЄРЄН. Ує тетрєдты саразут схемєтє дыуує єнєцєсгомон хъуыдыйадєн мєнє ацы схемєтєм гєсгє: 93 Фєлтєрєн. Рафыссут єнєцєсгомон хъуыдыйєдтє. Бахахх кєнут зєгъинєгты бын. 1. Єризєр. Хуры фєстаг тынтє ма бєлєсты цъуппытыл зынынц. (Джусойты Н.) 2. Єрдєг єхсєвєй ахызт. Фынєй кє- яынц єнцад-єнцойє хєубєстє. (Гаглойты В.) 3. Фылдєр ар- 58
витыи хъєуы ахуырмє хъєууон чызджыты. (Газетєй) 4. Мєрд- дзыгой адємєй хъєууынгты азмєлєн нал уыди. («Фидиуєг») 5. Фєрєвдз кєнын хъєуы къулы газет. (Дєбе) 6. Чысыл фєс- тєдєр лєгєты цавєрдєр хъыхъхъаг хосы тєфєй єрлєууєн нал уыд. (Цєгєраты М.) 7. Уыдис ємбисбонмє єввахс. Кє- цєйдєр мєм єрдзырди. Кусынмє мє кондєуыд. (Нига) 8. Зон- гєтє мыи ис ам, фєлє мє никєй хъыгдарын фєнды. (Нига) 9. Мєнєн мє бон нєу. (Барахъты Г.) 10. Дыуує-єртє боны фєстє хъєугєрон фендєуыд иу адєймаджы. 11. Афтє дєр ма искуы уыд? (Гафез) § 33* Номхуындон хъуыдыйєдтє. Номхуындон хъуыдыйад у, сєйраг уєнгтєй єрмєст сєйрат кєм ис ємє єрдзон фєзындєн кєнє исты предметєн єрмєст- дєр йє ном кєм фєзєгъєм, ахєм. Номхуындои хъуыдыйєдтє ємбєлынц арєхдєр аивадон уацмысты єрдз кєнє цардуаджы тыххєй нывтыл фыстыты. Цєвиттонтє. Єхсєв. Ирдгє систа цъитийырдыгєй. Хъызтємхєст дым- гє бавнєлдта хєххон дидинєгмє йє уазал къухтєй... Єруагъ- та йє сєр. Єрхаудтой йє базыртє. (Цомахъ) Ацы нывы цы єрдзон фєзындтыл дзырдєуы, уыдон єрцы- дысты єхсєвыгон. Фыццаг хъуыдыйады єнє зєгъинаджы єх- хуысєй, єрмєст иунєг сєйратєй конд хъуыдыйадєй, автор хъусын кєны єхсєв кєй уыд, уый, ємє уыцы хъуыдыйад у номхуындон. Хєхбєстє.Сценєйыразєйчысыл лєгъз, йе уннє суанг уєлємє хєхтє. Галиуварс єхгєд у зулаив айнєгєй. Рахизєр- дыгєй фєзмє єрбацєуєн. (Драмєйы сценєамонєг єрфыст). Фыццаг хуыдыйад конд у єрмєст сєйратєй ємє дзы єнє зєгъинаджы єххуысєй амындєуы бєстє (архайд кєм цєуы, ахєм бєстє) ємє у номхуындон хъуыдыйад. Дыккаг ємє цып- пєрєм хъуыдыйады пайда чыидєуы зєгъииєгтєй, фєлє цухгонд єрцыдысты ємє номхуындон хъуыдыйєдтє не сты. Номхуындон хъуыдыйєдты мидєг фєрссаг уєнгтєй вєй- йынц єрмєст бєрєггєнєнтє. Цєвиттон. Сєрдыгон бон. Хур ныккасти йє зынг цєстєй дунемє. Хєхтє ныддардтой сє фєрстє хуры тєвдмє. Цъититє єртти- вынц арвы цъєхы. (Цомахъ) Ам номхуындон хъуыдыйады дзырд сєрдыгон у бєрєггє- нєнєй. 94 ФЄЛТЄРЄН. Ссарут ємє сбєлвырд кєнут номхуындон хъуыды- йєдтє. 59
1. Уалдзєг. Май. Нє Цєдисы цъєх , фєзты дымгє хорты ног євзар фєйлауы. (Джусойты Н.) 2. Мєйдар. Нєу арв стъалыцух. Єрфєныфєд лєгъз арвыл адаргъ. (Джусойты Н.) 3. Сєрд. Июны дыдзырухс єхсєв, цєст єддейаумє дєр уыны... Мєй фєныкгъуыз тъєпєн мигъты ’хсєн, тамакойы зынгау, зыны. (Джусойты Н.) 4. Мєнє Дзєуджыхєу. Хємыц фыццаг хатт бахауд горєтмє, зылди цєхгєрмє уынгты, фарста цєу- джыты, фєлє йын ничи иицы баххуыс кодта. Уым разынд бирє цєхгєрмє ємє дєргъмє уынгтє. (Дзадтиаты Т.) 5. Єхсєв. Мынєг рухс. Алчи дєр єрфынєй, — єрмєст салдаты нє ахсы, нє, хуыссєг. (Гафез). 95 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут текст, бахахх кєнут номхуындон хъуы- дыйєдты. ДЗЄУДЖЫХЪЄУЄЙ СЄНАМЄ Бєлццоны фыстытє. Дзєуджыхъєу. Июль. Сєумєрайсом. Арв рог єврєгътєй ємбєрзт. Уєлдєфы сєууон уазал ємє сатєг. Цєсгємттє хъєл- дзєг, ємє сыл бєрєг у уєнгрогдзинад. Иууылдєр ємызмєлд кєнынц, фєндагмє рєвдзытє фєвєййынц. Иу-дыуує минуты ма, ємє экскурси арасти. Мєнє Сєрибары фєз... Мєнє єфсєй- наг хид... Мєнє Ной Буачидзейы уынг... Мєнє Арвыкомы фєндаг дєр... Горєт фєсте баззад. Єгасєй дєр бєлєсты аны- гъуылд ємє цъєх-цъєхид дары... (Цомахъ) 96 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы хъуыдыйєдтє. Ссарут номхуындон хъуыдыйєдты ємє сє равзарут хъуыдыйады уєнгтєм гєсгє. 1. Ирд. Сєрдыгон райсом. Уайтагъд хєдтєхєджы хъєр фєцыд. (Гафез) 2. Фєззыгон бон. Мигъ хєхтєм цыд. (Газетєй) 3. Изєрмилтє. Хъарм уєлдєф базмєлыд (Бязырты Д.) 4. Сєу- мєрайсом. Хъєуы уынг. Хъомтє ємбырд кєнєм. (Дєбе) 5. Сєухизафон. Фос кєрєдзийы фєдыл ныххал сты тєссары къахвєндагыл. (Газетєй) 6. Бєрєгбон. Цуанонтє тайгайє ра- цыдысты. (Цомахъ) 7. Ємбыд къултє. Пъолы ємбуар лєсы уа- зал. (Цомахъ) 8. Єхсєв. Талынг у кє цєрєн бынат. (Цомахъ) 9. Комы нарєг. Дон хъуынтъызєй цєуы, фыцы къєйты ’хсєн. (Цомахъ) 10. Замманайы кусєрттаг! Ма йє суадз, лєппу! 11. Ладемыр йє алыварс ахаста йє цєст. Чысыл уат. Уымєл пъол. (Бырнєцты Є.)
VI. ЄНЄХХЄСТ ХЪУЫДЫЙЄДТЄ § 34. Єххєст ємє єнєххєст хъуыдыйєдтє. Хъуыдыйады сєйраг ємє фєрссаг уєигтє куы’уоЯ, уєд у єххєст хъуыдыйад. Хъуыдыйады искєцы сєйраг кєнє фєрссаг уєнг цух куы уа, уєд та у єнєххєст хъуыдыйад. Цєвиттонєн зєгъєм, дзулуєйгєнєн дуканимє бацыд иу лєппу ємє загъта: Єри мын дыуує килограммы урс дзул. Ацы хъуыдыйады нєй сєйрат ды, фєлє йє амоны дыккаг цєсгомы мивдисєг єри. Ноджы дзы ис, дзул балхєныны хъуыддаг саразынєн чн хъєуы, ахєм бєрєггєнєнтє урс, дыу- ує нилограммы ємє комкоммє єххєстгєнєн дзул, ємє цєвиттойиаг хъуыдыйад у єххєст хъуыдыйад. Зєгъєм: уыцы дуканимє бацыд єндєр лєппу ємє сдзырд- та: урс, дыуує. Ацы хъуыдыйады нєй сєйрат ды, зєгъинаг сери, єххєст- гєнєн дзул ємє у єпєххєст хьуыдыйад. Фєлє уєйгє- нєг уєддєр бамбєрста, лєппуйы цазєр дзул хъєуы, цас єй хъєуы, уыцы дзырдты кєм ємє цы уавєрты загъдєуыд, уымєй ємє йыи радта йє дзул. Афтє адєймаджы йє хъуыды бамба- рын кєиынєи хъуыдыйады єппєт дзырдтє зєгъын нє ба- хъєуы. —Ды та кєдсем цєуыс? — Киномє. Фарстон хъуыдыйады сты сєйрат, зєгышаг, быиаты фадат, ома бафєрсынєн чи хъєуы, уьтдон, ємє у єххєст хъуыдыйад. Дыккаг хъуыдыйады нєй нєдєр сєйрат, нєдєр зєгъинаг, ис дзы єрмєст бынаты фадат киномє, ємє у єнєххєст хъуыды- йад. Хъуыды дзы загъдєуы цыбырдєрєй. 97 ФЄЛТЄРЄН. Базонут, єнєххєст хъуыдыйєдты цы уєнгтє цухгонд єрцыд, уыдон. Хъуыдыйєдты єртыккаг къорды та бацамонут цухгонд зєгъинєгтє. 61
1. Сє сєрты (Хъуырруйы хърихъуппыты къордєн) єрба- тахтысты дыуує даргъ халєй бєлццон хърихъуппытє ємє адард сты. Уалынмє бынтондєр фєаууон сты. Єрмєст ма дар- дєй хъуыстис сє уасын... Фєстаг хатт ма афєлгєсыдис Хъуыр- руй йє къордыл, стєй йє гуыр размє ауагъта, фєхєлиу кодта йє базыртє ємє сє уєззау єрриуыгъта. Фєхицєн зєххєй. (Дєбе) 2. Комы нарєджы доны былыл, зєлдаг кєрдєджы астєуєй йє сєр сдардта, фыццагау хєлдзєгєй, быдырон дидинєг. Кєсы уєлємє. Хъуыдыйы аныгъуылд. Дардєй йєм фєзындис, хус къєцєлау, йє хєлар дидинєджы хъєд... (Цомахъ) 3. Дарддєр, дарддєр горєты дзолгъо-молгъойє, єрзылбоны ракатай-бакатайє! Хєхтєм! Єрдзмє! (Цомахъ) 4. Техиологон институтєй фондз минуты цыдєй дарддєр иє уыди Буцєйы фатер. Хорз хатєн ссардта. Дыуує рудзынджы кєртмє. Алы дзаумайє фаг ифтонг. Зымєг хъарм. (Арсен) 98 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут текст ємє єиєххєст хъуыдыйєдты бын бахахх кєнут. Чызг ємє лєппу амбєлдысты уынджы. Лєппу. Дє изєр хорз уа. Каедєм? Єз ма сымахмє куы цыдтєн. Чызг. Киномє. Лєппу. Ємє дзы цы євдисынц? Чызг. «Фатимє». Ирон євзагыл. Лєппу. Къостайы «Фатимє»? Чызг. О. Диссаг єй хонынц. Лєппу. Ацєуин єз дєр? Мє уроктє та? Чызг. Цом! Стєй сє иумє сахуыр кєндзыстєм. Лєппу. Ау, афтє диссаджы фильм у! Цом уєдє. Зєрдылдарєн. Єнєххєст хъуыдыйєдтєй фєпайда кєнынц исты уац- ты ємє уацмысты хъуыдыты анвдєр ємє къаддєр дзырдтєй зєгъынєн, Цєвиттонєн зєгъєм: Чидєр иу фыссєджы биографн равєрдта афтє: Гєдиаты Секъа уыди зынгє ирон фыссєг. Гєдиаты Секъа фыста ємдзєв- гєтє, поэмєтє, радзырдтє ємє таурєгътє. Гєдиаты Секъайы уацмыстєй уєлдай хъуыстгонд сты «Азау» ємє «Арагвийы Ерыстау єлдар»... Ам алы хъуыдыйад дєр райдайы нухуызон ємє нын уый євидауц кєны нє ныхасы. Фєлє ис гєиєн, хъуыдыты ма фехєлдєуа, афтємєй уыцы хъєндзинад аиуварс чындєуа. Уый тыххєй иу ран фыссггджы ном ємє мыг- гаджы бєсты бавєрдзыстєм номивєг, иипє раи та сє бынтон фєуадздзыс- тєм єнє фыстєй, фєлє уєддєр бєрєг уыдзєи, дзырд кєуыл цєуы, уый: «Гєдиаты Секъа уыди зынгє ирон фыссєг. Фыста ємдзєвгєтє, поэмєтє, радзырдтє ємє таурєгътє. Иє уацмыстєй уєлдай хъуыстгонд сты «Азау» ємє «Арагвийы Ерыстау-єлдар». 62
Афтємєй фыст у єлвєстдєр ємє аивдєр, хъуыдытє дєр хъыгдард не ’рцыдысты. 99 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут текст, єнєххєст хъуыдыйєдтєй єххєст хъуыдыйєдтє аразгєйє, ємє єххєстєи та єнєххєст хъуыдынєдтє аразгєнє. 1. Сахуыр мє кєидзынє къахдзоныгътыл бырын? — Сахуыр кєндзынєн. 2. Кєд царди Ос-бєгъатыр? — Нє эрєйы фєндзєм єнусы. 3. Чи ныффыста кадєг «Хъуыбады»? — Кадєг «Хъуыба- ды» ныффыста Хетєгкаты Къоста. 4. Кєм нс рєуджыты низєй дзєбєхгєнєн курорт «Цъєй»? — Ис Уєлладжыры комы. 5. Кєд рацыд мыхуыры ирон євзаджы грамматикєйы фыццаг чиныг «Осетинская грамматика»? — 1844 азы. 6. Чи ныффыста ирон євзаджы грамматикєны фыццаг чиныг? — Академик Андрей Шегрен. 100 ФЄЛТЄРЄН. Бакєсут текст. Рафыссут дзы єххєст хъуыдыйєдты. Равзарут дзы дыуує хъуыдынады уєнгтєм гєсгє. 1. Дударыхъо тынг базєронд. Фєцух цєсты рухсєй. Иє цєсгомы счъилтє йє азтєй фєфылдєр сты. Йє даргъ зачъе стєнєг. (Джиоты Д.) 2. Хєсты быдыр. Бєстє мигъєй ємбєрзт. Сур хъызт. Уєлдєф сабыр, єнєзмєлгє. (Дзадтиаты А.) 3. Ги- гол, єрвитын хъєуы адємы. Фєстиат нал. (Цомахъ) 4. Дєхи- цєй євзєрдєры къєсєрыл дєр баввєрс. (Ємбисонд) 5. Зымєг йє урс хъєццул єрємбєрзта нє горєтыл. (Газетєй) 6. Лєппу євзонг бєласмє фєлєбурдта ємє йє стыдта. Афтє стыхджын ис. (Аргъау) 7. Лєг фефсєрмы лєппуйы ныхасмє. Єгад єм фєкаст ємє сєхимє нал ацыд. (Дєбе) 8. Єхсєв мє хаста арвы мєй, стъалытєм тындзыдтон. Мє хъуыды кодта сєры зєй. Стихтє дзы євзылдтон. (Гайты Е.) 9. Бон йє тыхы бацыд. Ратул-батул кєны зєронд лєг бызгъуырты бын. Цыдєртє дзу- ры йєхимидєг. Рабадт сабыргай. Ныуулєфыд. (Цомахъ) 10. Єрбахєстєг. Уєртє йє цєнгтє фистєг кєны. (Мыртаз- ты Б.) 11. Ссыдтєн єввахс уыгєрдєнмє. Райдыдтон кєрдын. (Дзесты К)
VII. ХЪУЫДЫЙАДЫ ЄМХУЫЗОН УЄНГТЄ § 35. Ємхуызон уєнгтє. Иу фарстєн дзуапп чи дєтты ємє хъуыдыйады искєцы иу уєнгимє баст чи у, уыцы цалдєр уєнджы хоиынц хъуыды- йады ємхуызон уєнгтє. Цєвиттонтє: Поезд базмєлыд ємє араст ис Беслєны хєуы ’рдєм* Цы кодта поезд? — Базмєлыд (зєгъинаг). Цы кодта поезд? — Араст ис (зєгъинаг). Дзырдтє базмєлыд ємє араст ис домынц иу фарст цы кодта? — стєй дыуує дєр баст сты сєнратимє (поезд), уын тыххєй сє схондзыстєм хъуыдыйады ємхуызон уєигтє. Нє фєсивєдєй дзєвгар ахуыр кєны Мєскуыйы, Ленингра- ды, Киевы ємє Тбилисы. Кєм ахуыр кєны? — Мєскуыйы (бынаты фадат). Кєм ахуыр кєны? — Ленинграды (быиаты фадат). Кєм ахуыр кєны? — Киевы (бынаты фадат). Кєм ахуыр кєны? — Тбилисы (бынаты фадат). Дзырдтє Мєскуыйы, Ленинграды, Киевы ємє Тбилисы дзуапп дєттынц иу фарстєн ємє сты баст иунєг уєнгимє — зєгъинагимє, ємє сє уый тыххєй банымайдзыстєм ємхуызон уєигтыл: иууылдєр сты быиаты фадєттє. 101^ ФЄЛТЄРЄН. Бацамонут хъуыдынады ємхуызон уєигты. ДЗИМЫРГОМЫ ХЄСТ. Ирайнаг єфсєдтє августы мєйы A741 азы) бафсєрстой Чысанмє... Райдыдтой стигъын, фєллой исын, сыгътой хъєутє, кодтой уацары, амардтой бирєты, хєлдтой мєсгуытє ємє га- луантє. Хуссайраг ирєтты дєр ємбырд кодтой иу ранмє, стєй сє акодтой Цхинвалмє. Ирайнаг хан, Имамкулихан, ноджы баз- дєхт хохмє иу ранмє, єнєхєрд ма йын чи баззад, ахєммє. Хєххон ир уый базыдтой ємє сє размє бабадтысты иу уынгєг 64
комы. Ныццавтой сыл сєхи, кизилбашты (сырхсєртє, сырх худтє дардтой) фєсырдтой, ханєн йєхи дєр єрцахстой. Уыцы хєст єрцыд Дзимыргомы. Паиуна Орбелиани, XVIII єнусы историк. 102 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут текст ємє бахахх кєнут ємхуызон уєигты бып. Бирє скъолаты арєзт цєуынц литературон изєртє, литера- турон викторинєтє, фарстыты ємє дзуаппыты изєртє, грамма- тикон олимпиадєтє, литературон уацмыстє кєсым ємє дзуры- ны конкурстє, чиныгкєсджыты конференцитє ємє бирє єндєртє. Иуєй-иу скъолаты кусынц канд литературон къордтє пє, фєлє грамматикон къордтє дєр. Грамматикон къордты уєнгтє ахуыр кєнынц кроссвордтє, шарадєтє, чайнвордтє, ребустє євзарын ємє бирє алыхуызон грамматикон хъєзтытє аразын. Къорды уєнгтє аразынц грамматикон олимпиадєтє. Олим- пиадєйєи саразєн ис грамматикєйы алыхуызон фарстытыл дєр. (Гаппу.аты Хъ.). 103 ФЄЛТЄРЄН. Єрымысут фєйнє єртє хъуыдыйады ємхуызон уєлгтимє. 104 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы хъуыдыйєдтє. Бахахх кєнут ємхуы- зон уєнгты бын. 1. Фєцыдысты сє горєттєй, сє хъєутєй фыдгулты цєгъ- дынмє нє адєм. («Фидиуєг») 2. Никъала разгъордта, донмє багєпп кодта ємє єваст туасау рєхойгє уазал банкъардта. («Фидиуєг») 3. Санетєн йє хъєбулы цєссыгтє ємє лєгъзтє- мє йє зєрдє суынгєг. (Гафез) 4. Любє ныффєлурс ємє фєцєуєг размє. (Газетєй) 5. Муссє ємє Дырис ракодтой мє- хъийєгтє. (Хъайтыхъты Г.) 6. Хъєуы нє колхозтє, артелтє, алыгъуызон ємбаладтє. («Фидиуєг») 7. Темыр амидин кодта йє хъєуккєгты, йє хєстєджыты быдырмє алидзынмє. (Дєбе) 8. Єгас хъєубєсты лєгтєй чи дуармє бады, чи уєлхєдзєртты, чи та ныхасы. (Дзесты К.) 9. Правленийы рєзты схызтысты Габе ємє Мєхємєт. (Хъуылаты С.) 10. Магазины балхєдтон сау, сырх ємє цъєх ахорєнтє. 11. Цєуон ємє фенон зайєгой- ты, цєрєгойты, зєххєй, донєй мєнєн — сє паддзахєн куыд кад кєной. (Аргъау) 12. Дымгє рассєста хъєпєнты, зєйуєтты, къуыппыты, дзыхъхъыты. (Дзугаты Г.) 13. Сосланбег базонгє Бындзимє. Бындз уыди цъєхдзаст, тєнтъихєг, зєрдєхєлар, къєбєлдзыгсєр. (Дєбе). 5. Бязырты А. 05
105 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут хъуыдыйєдтє ємє ємхуызон уєнгты быю бахахх кєнут. 1. Цуанон джихєй аззадис, єрынкъард, скєуынмє йє бирє нал хъуыд (Хъуылаш С.) 2. Хъєубєстє йумєйаг куывды баг дынц, минас кєнынц (Гайты Е.) 3. Дєхци ємє Мысост, дыу- ує хорз ємбалау, цыдысты быдырмє. (Цомахъ). 4. Бирє маст, бирє фыдєбєттє бавзєрста Хъайтыхъ. (Бязырты Д.) 5. Бирє* цыдєртє фенын, базонын фєндыд чысыл доны. (БесатыТ.) 6. Чысыл суадон разынд єнєрвєссон, фєлє хиппєлой. (Беса- ты Т.) 7. Мах уарзєм канд нє бєстєйы адємы нє, фєлє дунейы. фєллойгєнєг адємы дєр. 8. Сослан дєр, Мухар дєр ємє Васо дєр сты иу хъєуєй. § 36. Ємхуызон бєрєггєкєнтє. Хуыскъ ададжы апырх сты чысыл, рєстємбис ємє- стыр дуртє. Цєйас дуртє? — Чысыл. Цєйас дуртє? — Рєстємбис. Цєйас дуртє? — Стыр. Єртє дзырды дєр домынц иу фарст, амонынц дуртєн єр- мєстдєр сє иу миниуєг —сє ас ємє сты ємхуызон бєрєггє- нєнтє, ємє сє кєрардзийє хицєн кєнєм къєдзыгєй. Сывєллєттє уєлдєфмє суаеътой сырх-сырхид дын джыр резинєйє шартє. Цыхуызєн шартє? — Сырх-сырхид. Цєйас шартє? — Дынджыр. Цємєй шартє? — Резинє, резинєйє. Єртє бєрєггєнєнєй алкєцы дєр нысан кєны шарєн йє хицєн миниуєг: иу нысан кєны хуыз, иннє — ас, аннє та — єр- мєг. Сє фарстытє дєр уый тыххєй сты алыхуызєттє. Уымє гєсгє адонєн ємхуызон бєрєггєнєнтыл банымайєн иєй, ємє сє къєдзыгєй дєр нє хицєн кєнєм. Цалдєр бєрєггєнєны предметєн єрмєст йє хуыз, кєнє єрмєст йє ас, кєнє єрмєст йє формє кєнє єндєр исты иу миниуєг куы нысан кєной, уєд сє хонынц ємхуызон бєрєг- гєнєнтє.
Цєвиттонтє: Урс, бурщ цъєх ємє тар хєдєттє; тпымбыл, дєр- гъєццон, цыппєрдагъон ємє єндєр формє къодєхтє; хъєдсей, къалайє, алюминийє ємє євзистєй уидгуытє. Цалдєр бєрєггєнєны предметєн йє алыхуызон миниу- джытє куы нысан кєной, уєд ахєм бєрєггєнєнтє сты алы- хуызои бєрєггєнєнтє. Цєвиттонтє: Агуыридурєй бєрзонд агъуыстытє; ныллагггомау хъєдын хєдзар; къуындєг сєрак дзабыртє; колхозон фєтєн быдыртє; аслам єфссейнаг сынтєджытє. Алыхуызон бєрєггєнєнты къєдзыгтєй нє хнцєн кєнынц. 106 ФЄЛТЄРЄИ. Сбєрєг кєиут хъуыдыйады ємхуызон уєнгтє, єм- хуызои бєрєггєнєнтє ємє алыхуызои бєрєггєнєитє. 1. Мариие къуыри єлдарєн куыста, иу бон та йєхицєн. (Секъа) 2. Тугъан куыйты сє бынатмє бакодта ємє йє хє- дзармє бацыд. (Секъа) 3. Арагвийы доны сєр хурныгуылєны- рдєм бєрзонд гємєх хєхтє арвыл єнцайынц. (Секъа) 4. Єгъ- даумє гєсгє аиыхєстє кодтой, кєрєдзийы афарстой ємє хє- дзармє бацыдысты, бандоиыл єрбадтысты ємє ныхас кєныи райдыдтой рєстєджы тыххєй, кєрдєджы, фосы тыххєй. (Се- къа) 5. Бинтеры урс-рсид єрфгуытє сєхи єруагътой цъєх къуырф цєстытыл. (Джиоты Д.) 6. Хус фугєйы єнєфєздєг арт пиллонтє уадзы (Беджызаты Ч.) 7. Єрємбырд кодтон кадджы- тє, таурєгътє, уыци-уыцитє, ємбисєндтє, аргъєуттє. (Беджы- заты Ч.) 8. Ємє цы социалон, политикон, экономикон уавєры цардысты фыдєлтє? (Беджызаты Ч.) 9. Хєхтєн сє бєзджын къєбырттєгджын, єхсєрджын, цъуйджын, мыртгєджын хилєй ємбєрзт сєртє кєрєдзийы цъуппытєй фєлгєсынц. (Беджыза- ты Ч.) 10. Ємє цынє федтаис Уанелы базары уєд євзист дзау- майє, уєд хєрдгєйє, уєдхъєдабєйє. (Беджызаты Ч.I1. Къах- вєндаг рагъы куы хєрдмє, куы уырдыгмє адаргъ. 12. Скъаппы євєрдєй лєууынц хъєдын, фарфор ємє авгєй тєбєгътє ємє къустє. 13. Киоскы уєй кєнынц газеттє, журналтє, альбомтє ємє чингуытє. 107 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы хъуыдыйєдтє. Бахахх кєнут бєрєг- гєнєнты бын, банысан кєнут, цавєр ныхасы хєйттєй конд сты. 1. Цъиутє уыдысты алыхуызєттє: саутє, буртє, гєрємтє; урсытє ємє хъулєттє. (Аргъау) 2. Хєды бєлєсты сыфтєр- 67
тє алыхуызон сєрттывтой: иутє бур-бурид, иннєтє сырхбын, аннєтє фєлурсбын. (Бесаты Т.) 3. Хур арвыл сырх ємє уарди- хуыз тынтє байтаугєйє фєцєйныгуылд. (Цєгєраты М.) 4. Пионер балхєдта сау, сырх, ємє цъєх ахорєнтє нывкєны- нєн. 5. Иу хъєуы цардис єнєбинонтє, иунєг зєронд лєг. (А. Гайдар) 6. Буцємє євзєр адєймаг нє кєсы Верє Петров- нє, уындджын, зєрдємєдзєугє. (Арсен) § 37. Хъуыдыйады ємхуызон уєнгты бєттєгтє. Ємхуызон уєнгтє хъуыдыйады баст єрцєуынц єртє хуызы бєттєгтєй: иугєнєг бєттєгтєй — ємє, уєд, уа; ди- хон бєттєгтєй — йе, кана, куы. єеи; ныхмєвєрды бєт- тєгтєй —фєлє, та ємє єндєртєй. 1. Иугєнєг бєттєг ємє фєлєууы ємхуызон уєнгтєй фєс- таджы хєд размє. Театр, кино ємє хъазтизєртєм Сослан ємє Раиса иумє арєх цыдысты. (Джиоты Д.) Экскурсанттєн сє зєр- дємє тыне фєцыдысты нє совхозы фермє, цєхєрадон ємє клуб. Иугєнєг бєттєг уєд фєлєууы арєхдєр ємхуызон уєнг- тєй алкєйы фєстє дєр. Джызєлы дон усед, Фиййае дон уєд, Тєргай дон уєд— иууылдєр Теркмє кєлынц. Дзерассє уа, Сатана уа, Агуын- дє уа, — се ’ппєт дєр сты нарты таурєгъты адємы уарзон фєлгондзтє. 2. Дихон бєттєгтє йе, кєнє, куы фєлєууынц ємхуызон уєнгтєй алкєйы размє. Нартхор тонынмє-иу демє ахєсс йе чыргъєд, йе тєскъ. Райсомєй-иу пионертє куыстой кєнє цєхєрадоны, кєнє дыргъдоны. Куы —фырєфсєст, куы —фырєххормаг. 3. Ныхмєвєрдты бєттєгтє фєлє ємє та февєрынц ных- .мєвєрд нысаниуєгимє ємхуызон уєнгты єхсєн. ••: Уый уыди мєллєггомау, фєлє уєхскджын, бєзєрхыг ємє хъєддых амад ирон лєг. (Арсен) 108 ФЄЛТЄРЄН. Алы хъуыдыйады дєр бацамонут, ашхуызон уєнгтє цавєр хуызы бєттєгєй баст сты, уый. 1. Гал уєд, хъуг уєд, род уєд, — иууылдєр сихоры єнтє- фєй сєхи бєлєсты ємє пыхсыты аууєттєм айстой. 2. Ныфс- джыныл куыдз рєйгє кєны, тєппудыл та —хєцгє. 3. Дыуує -.№
зєронды бадынц иумє куы Симоны дуармє, куы Тедойы дуар- мє. (Арсен) 4. Ис нєм алцы дєр — хор уа> фос уа, маргъ уа. 5. Мигъєй комы нал зындысты нєдєр дєттє, нєдєр фєндєгтє, нєдєр хъєутє, нєдєр фєхстє. 6. Ацы изєр Сослан кєнє киног мє, кєнє театрмє єрцєудзєн. 7. Терк хохы фынккалгє цєуы, быдыры та — сабыр. 8. Сєрд мах алыбон дєр нєхи иайєм куы райсомєй, куы изєрєй. 9. Мє тєригъєд дє хєрды дєр аййаф- дзєн ємє уырдыджы дєр. (Беджызаты Ч.) 10. Тыхджын дым- гєйє тулдзы цонг фєтасыд, фєлє нє асаст. 11. Шахтє араз- джытє бирє зындзинєдтыл сымбєлдысты, фєлє сє куыст нє ныууагътой иу бон дєр. 109 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы хъуыдыйєдтє. Бахахх кєнут ємхуы- зон уєнгты быи. Фєнысан кєнут, цавєр бєттєгтєй баст сты. 1. Тадиоз тамакойы чыссє систа ємє йє Тедомє радта. (Джиоты Д.) 2. Гигойы фынгыл-иу уыд куадзєн бон куы бабыз, куы хъаз. (Арсен) 3. Сауджын Иосеб хисты кєнє куывды єрго- мєй єрдомы сгуытє. (Арсен) 4. Азау ємє Таймураз рєзтысты иумє. (Секъа) 5. Уєдє куыд вєййы, хъыбыл дє дарєм ємє дын ратдзыстєм ацы хъыбыл уа, єндєр уа, уєддєр. (Арсен) 6. Куыдз Дєр дєхєдєг ємє хєрєг дєр! — фєхъєр кодта Сауи єлдарыл. (Аргъау) 7. Хазби киномє ацыд, фєлє фєндагєй раздєхт. 8. Рынчын йє былтє базмєлын кодта ємє цыдєр адзырдта. (Єрнигон) 9. Куы сырдау фыд ниуд ныккєны, куы сы- вєллонау кєуы... (Пушкин) 10. Бесє-иу станцєйє єрбахєсдзєн йе нартхор, йе хор, йе дзуллаг ссад, йе ’ндєр єлхєнєггаг. (Цомахъ) § 38. Єрхєцєн нысєнттє хъуыдыйады ємхуызон уєнгтимє. Иугєнєг ємє дихон бєттєгтє ємє, кєнсе, єви, хъуы- дыйады уєнгты бєтгєйє, иугай хєттыты куы ємбєлой, уєд сє къєдзыгтєй нє хицєн кєнынц. Абон ємє райсом репетици кєндзыстєм нє ног пьесє. Ды єрбацєудзынє єви нє (єрбацєудзынє)? Бєттєгтє дєр, кєнє, уєд ємє єндєртє, хъуыдыйады єм- хуызон уєнгтє бєтгєйє, цалдєргай хєттыты куы ємбєлой, уєд сє кєрєдзийє хицєн кєнынц къєдзыгєй. Алы советон адєймагєн ис кусыны бар дєр, ахуыры бар дєр ємє улєфыны бар дєр.Єрбацу-иу мєм кєнє къуырисє- ры, кєнє дыццєджы, кєнє єртыццєджы кєнє цыппєрємы. Ныхмєвєрды бєттєгтє фєлє, та ємє кєннод-ы размє февєрынц къєдзыг.
Єрєгвєззєг ма хур арєх фєкєсы, фєлє нал фєтавы. Нє колхозы сєрдар хєрз єрыгон у, фєлєкъухдариуєг кєнынмє дзєбєх арєхсы. Сабыр цу, кєннод бафєллай- дзынє. 110 ФЄЛТЄРЄН. Равзарут ємхуызои уєнгтимє бєттєгтє ємє бамба- рын кєнут къєдзгуыты єрєвєрд. I. Солтан асєй дєр, зєрдєйы кондєй дєр ємє бакастєй дєр уыди йє хойы хуызєн. 2. Цъєхбын цъитийє дєлдєр, фах- сыл, зєрдєйєн диссаджы єхсызгондзинад лєвєрдта урс, бур, фєныкгъуыз, морє, коирадзхуыз дидинджытєй гауыз. 3. 1935 азы Дзаеуджыхъєуы байгом ирон профессионалон театр ємє равдыста Гольдонийы комеди «Фєлывд», Корнейчукы пьесє «Платон Кречет» ємє Циновскийы иьесє «Хъысмєт». (Тока- ты А.) 4. Дєуєй мє хорзєй дєр ємє євзєрєй дєр ницы хъє- уы. (Ємбисонд) 5. Хистєр чызг фєтарстис, скуыдта ємє лидзынмє фєцис. (Арсен) 6. Фынддєс азы размє Хъєвдын хъєубєсты євзаргєдєр лєппутыл нымад уыди, хъазты фидыц, фєдисы раздзєуєг. (Арсен) 7. Колхоз ацыйаз байтыдта єв- зєрст мыггєгтєй нємыгджын хортє: иартхор, мєиєу ємє сысджы. II) ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут текст ємє ємхуызои уєигты бын бахахх кєнут. ИР ЄМЄ ХЪИПЧАХЪТЫ БЄСТЄЙЫ. Цєгат Кавказы Джеба ємє Субудай бахєццє сты Иры бєстємє A221 азы). Цєгат быдыртєйИрєн єххуыс кєнынмє єрємбырд сты адыге, лекъ ємє хъипчахъты єфсєдтє. Тєтєр семє фєхєцыдысты єнєхъєн бон изєрмє. Фєлє сє тыхтє уыдысты ємхуызои, ємє ничи фєуєлахиз. Уєд Джеба барвыста хъипчахъты цытджындєр хаи Катяк- мє минєвар. Уый бакасти Катякєн фыстєг: «Мах, тєтєр, стєм сымахау хъипчахътє, ємдин, ємтуг, єфсымєртау. Сымах та баиу стут єцєгєлон адємимє, хєцут уе ’фсымєрты ныхмє. Ир сымахєн дєр ємє махєн дєр сты єцєгєлон. Цєй ємє бафидауєм, фидар дзырд радтєм, кєрє- дзийы куыд никуы бахъыг дардзыстєм, ууыл. Уый тыххєй уын ратдзыстєм бирє сыгъзєрин ємє зынаргъ дзаума. Сымах ардыгєй ацєут ємє нын радтут фадат Иры ныппырх кєнынєн». Бєхтыл сывєрдтой бирє зыиаргъ лєвєрттє ємє сє хъип- чахътєм барвыстой. Хъипча^съты хантє єхсєвы се ’фсад цєга- тьфдєм акодтон. 112 ФЄЛТЄРЄН. Бацамонут хъуыдыйады ємхуызон уєнгты. 70
Тєтєры єфсєдтє ныццавтой сєхи Ирыл, ныипырх сє код- той, стєй ацыдысты ирон быдираг хъєутыл. Бандзєрстой хъєу- тыл, фємардтой бирє адємы ємє ахастой єнєнымєц фєллой. Ир басастысты ємє бахаудтой Чингисханы къухты. Уый сын сє иу хай бафтыдта тєтєры єфсадмє. Тєтєры чъылдыммє иры цыргъ єхсаргєрдтє куы нал уы- дысты, уєд Джеба ємє Субудай євиппайды се ’фсєдты акод- той цєгатырдєм, хъипчахъты зєхмє... Баййєфтой сє, ныддє- рєн сє кодтой ємє сє байстой, уый размє сын цЫ лєвєрттє фєкодтой, уымєй бирє фылдєр фєллой. Я и В а с и л и й. § 39. Ємхуызон уєнгты иугєнєг дзырдтє. Хъуыдыйады мидєг хатгай ємхуызон уєнгты хєд размє кєнє сє хєд фєстє вєййы сє иугєнєг дзырд. Замирє сныв кодта алы сырдтє (иугєн. дз.): бирєгъ- ты, єрсыты, рувєсты (єххєст.). Уырыс, гуырдзы, ир, мєхьєл, кєсєг, цєцєн, сомих ємє азгрбайджан — иууылдєр сты советон єфсымєрон адємтє (сєйрєттє). Кєд ємє иугєнєг дзырд ємхуызон уєнгты ранымады раз- мє лєууа, уєд йє хєд фєстє євєрынц дыстъєлф. Дуканиты фєуєй кєнынц алы дыргътє: фєткъуытє, кєрдотє, къомситє, чылауитє, балтє ємє атьа- митє (єххєстгєнєнтє). Кєд ємє иугєнєг дзырд ємхуызон уєнгты ранымады фєс- тє лєууа, уєд йє хєд размє євєрдєуы тире (—-): Фабрикты ємє заводты, колхозты ємє совхозты— кємдєриддєр адєм кусынц соцерысєй (бынаты фадєттє). 113 ФЄЛТЄРЄИ. Рафыссут текст, єрхєцєн нысєиттє кєм ємбєлы, уым євєргєпє. 1; Сыстын мє фєнды фєнды мє зарын худын хъазын єрра митє^кєнын (Гафез). 2. Балхєдта-иу йєхицєн цалдєр дзулы консервы банкєтє цайгєрдєг сєкєр цыхт... (Гафез). 3. Морфо- ¦логи ємє синтаксис сты грамматикєйы хєйттє. 4. Фыццаг ирон пьесєтє «Худинаджы бєсты мєлєт» ємє «Уєрєседзау» сценє- йыл євєрд єрцыдысты 1904 азы Ольгпнскєйы Єрыдоны Алаги- ры Сыбайы Згъуыбиры ємє Дзауы. 5. Раныхас-баныхас ра- - дзур-бадзур фєкодтой уым. (Беджызаты Ч.) 6. Лєппу базмєлыд ;’;. йє чысыл къухтєй ахєцыд сыгъдєг хъєццулыл къєхтырдєм єй • расхуыста ємє йє мидбылты фєлмєн бахудти. (Беджыза- ты Ч.) 7. Бирєгъ рувас тєрхъус арс иууылдєр сты сырдтє. 71
8. Хъєртєм кєуынмє уынєрмє рауади колхозы правленийы сєрдар Аслємбег дєр. (Арсен). 9. Фыццаг майы демонстраци- мє рацыдысты кусджытє службєгєнджытє ємє колхозонтє. 10. Нє базары уєй кєнынц алы продукттє дзидза єхсыр царв єйчытє. 11. Лєппутє доны єрцахстой кєсєгтє тъепатє ємє хъуыппитє. 12. Алы бєстєтє єнцондєр євзарынєн алыхуыз ахорєнтєй картє сахорынц бур цъєх сырх нгєрхуыз сау фєныкхуыз ємє єндєр ахорєнтєй. 13. Адєм тагъд кєнынц. дугъмє бистєгєй бєхтыл велисопедтыл машинєтыл автобус- тыл. 14. Адєм сырдтє гыццыл цъиутє алчм куысты сєр лєууы. (Ємбалты Ц.) 114 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы хъуыдыйєдтє. Ссарут ємхуызон уєнгты иугєнєг дзырдтє. 1. Дыккаг нафы райгуырдис Мыдєйєн фаззєттє: чызг ємє лєппу, Будзи ємє Сурєт. 2. Дин йєхєдєг у мєнгуырнындзи- иад: арфє, нывонд, хин, цєсты, дєсны фєрсын ємє ’ндєртє. (Газетєй). 3. Адєм чысылєй-стырєй амбырд сты ныхасмє. (Аргъау). 4. Андо фольклорєй зыдта алцы: аргъєуттє, таурєгъ- тє, кадджытє ємє бирє єндєртє. (Джусойты Н.). 5. Бинонтє: мад, фыд, ємє дыуує ’нахъом сабийы — чызг ємє лєппу. (Цо- махъ). 6. Євзєр хємпєлгєрдєг — сындз, хъоло, кєндыс ємє єндєр ахємтє хъєуы сафын. («Фидиуєг»). 7. Цынє зайєгой зайы ацы цєхєрадоны: хъыцъытє, хъонтхортє, хуырхєджытє,. хъєлєрдзытє, мєнєргъытє! (Єгъуызарты Є.). 8. Дєлдєр, дондарєны цур, хурмє лєууынц хъом: тєнджын хъуццытє,. къобор галтє, къуыбырсы уєнгуытє. (Дзугаты Г.). 9. Адєм райдыдтой уалдзыгон куыстытє: чи гутон аразы, чи дзывыр кєны, чи мыггаг тауы, чи та йє фос хизынмє тєры. (Секъа). 10. Цєсгомы ис ахєм хєйттє: ных, къємисєнтє, уадултє, цєс- тытє, фындз, дзых, роцъо, былтє. (Газетєй). 11. Мєнє ныртєк- кє фєивгъуыйы цуанонты фєстаг къорд: лєгтє ємє лєппутєй. (Цомахъ) 12. Нє хуымты халсаримє зайы бирє зиан кєрдє- джытє: сыидз, быдираг згъєллаг, сысылы, хъоло, хъєндєлы; ємє єндєртє. (Газетєй)
VIII. ХЪУЫДЫЙЄДТЄ СИДЄНТИМЄ ЄМЄ БАВЄРГЄ ДЗЫРДТИМЄ § 40. Хъуыдыйады уєнгтимє грамматикон бастдзинад кємєи нєй, уыцы дзырдты нысаниуєг. Хъуыдыйады уєнгтє сты кєрєдзимє баст кєм цєсгомєй,. кєм нымєцєй, кєм хауєнєй, кєм та сє формє єнєаивгєйє. Хъуыдыйады искєцы уєнгєй фарст куы радтєм, уєд ын йемє баст иниє уєнг та дзуапп дєтдзєн. Фєлє ма хъуыдыйады мидєг, уєнгтєй уєлдай, фєлєууынц єндєр дзырдтє дєр. Уыдон нєдєр цєсгомєй, нєдєр хауєнєй ємє нєдєр єндєр грамматикон амєлттєй баст вєййынц нннє уєнгтимє. Арвы комы сосє фєндагыл фєцєуынц дыуує лєппуйы. —Хъазыбеджы хохєй, Ахмєт9сєрды дєр урс-урсид мит куыд єрттивы, —бадзырдта фєндаггонтєй иу йе ’мбалмє. Равзарєм ам дыккаг хъуыдыйад. Цы єрттивы? — Мит (сєйрат). Цы кєны мит?—Єрттивы (зєгъинаг). Цааєр мит? — Урс-урсид (бєрєггєнєн). Кєд єрттивы? — Сєрды дєр (афоны фадат). Каецєй єрттивы? — Хъазбедэюы хохєй (бына- ты фадат). Хъуыдыйады уєнгтєй алкємєй дєр ис бафєрсєи ємє дзуапп радтєн. Фєлє дзырд Ахмєт дзуапн никєцы фарс- тєн дєтты, стєй йєм хъуыдыйады уєнгтєй фарст радтєн дєр нєй, ома иннє уєнгтимє грамматикон єгъдауєй баст нєу. Мсенмє гєсгє% уыдон раджы ацыдысты. Чи ацы- дис?— Уыдон (сєйрат). Цы кодтой?—Ацыдысты (зєгъинаг). Кєдацыдысты? — Раджы (афоны фадат). Фєлє мєнмє гєс- гє ємбарын хъєуы, ома єз куыд єнхьєл дєн% афтє- мєй. Уыцы єнхъєлынад сєйрат уыдон - мє нє хауы, ємє мєнмє гєсгє уыцы хъуыдыйады уєнг нєу. Фєлє зєгъєм: Мєнмє гєсгє, размє цыдысты. Куыдєй цыдысты? — Мєнмє гєегє, ома мєнмє кастысты, афтємєй, уєд ам мєн- мє гєсгє у архайды хуызы фадат. Грамматикон амєлттєй баст чи нєу, ахєм дзырдтє хъуыды- 7:1
Зкады вєййынц сидєнтє, бавєргє дзырдтє, о ємє нє, стєй «євастхъєртє. 115 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы хъуыдыйєдтє. Бахахх кєнут, грам- - матикон єгъдауєй, єнєбаст дзырдтє. 1. Цєразон, зєгъ, йє фєллад галтыл хъєбєр хор куыласта. (Фольклор). 2. Тєхуды, ныр дє хъєубєстимє иумє єрцараз хєдзар... (Гафез). 3. Уєвгє дардыл таурєгътє дєр цємєн хъєуы, зєгъгє, бакодта Гадзыбе. (Цєгєраты М.). 4. Чындз, уыцы лєппуйы сыстын кєн! (Дзугаты Г.) 5. Мє мады хай, мєн ницы хъєуы. (Дзугаты Г.). 6. О, дє нывонд фєуон, мє лєппу •єндєрты хуызєн къєйных иєу. (Газетєй) § 41- С и д є н. Хъуыдыйады ныхас кємє здєхт у, уый амонєг дзырд кє- ^нє дзырдбаст хонынц сидєн. Ног цард аразєм, Дєхци. (Цомахъ) Бауадз мє, Тедо, дє хорзєхєй. (Джиоты Д.) Цємєн зєгъыс уый, Симон? (Арсен) Чызгай, уазєгєн исты сцєттє кєн! Кєд ємє сидєн хъуыдыйады райдайєны лєууа, уєд ын йє ^фєстє єрєвєрдєуы къєдзыг. Кєд єй тыхджын єнкъарєнимє загъдєуы, уєд та хъєры нысан. Дзыцца, рауай-ма! (Дзесты К) Мє иры фєсивєд! Дє цинєй, дє хъыгєй фєластон мє *сау зєрдє дард... (Къоста). Кєд ємє сидєн хъуыдыйады уєнгты єхсєи вєййы, уєд єй ;дыууєрдыгєй дєр рахицєн кєнынц къєдзыгєй. Цытє дзурыс, Тедо, цы? (Арсен). Кєд ємє сидєн хъуыдыйады кєрои лєууа, уєд ын йє размє єрывєрынц къєдзыг, йє фєстє та, — єппазт хъуыды- йадєн цы єрхєцєн нысан ємбєлы, уый. Цємєн дєм афтє кєсы, Хетєг? (Дєбе) Єгас цу, уазєг! (Арсен) Чысыл цыдєртє дє рох кєны, Батырбег* (Арсен) 116 ФЄЛТЄРЄН. Ссарут сидєнтє ємє бамбарыи кєнут єрхєцєн ны- чсєнтты євєрыны фєтк. К Арагвийы єлдар! Єрбад, де ’лдариуєгады фєстаг бон у. ^Секъа) 2. Мєн дєр не ’вдєлы, Хату, мєнє чиныджы кєсын. 74
(Арсен) 3. Чындз, дєлє н&м уазєг, дє уат афснай. (Куыдзєг). 4. Марадз, диакъон, аххуыс кєн Пъелойєн, рацахсут хъыбыл, (Арсен); 5. Сбад, мє хєдар, сбад, аныхєстєкєнєм. (Арсен). 6. Дєу кєдєм фєнды, Сослан! (Джиоты Д ) 7. Байриат, мє :^єлєрттє! (Джиоты Д.) 8. Ма тєрс, мє мады хай, ницы йын уыдзєн. (Джиоты Д.) 9. Дада, тєригъєд сын кєнын. 10. Уєдє ныр та мєнмє єрбайхъус, Дзєбидыр. (Дзесты К.) 11. Ма тєрс, гуыДынхъус, єз нал.дєн мархохор дєуау. (Къоста) 12. Мєсєфт хуры хай, даргъєрфыг чызгай, куы нє дє федтаин бєргє! (Мъоста) 13 О Днепр, сырх хъулонєй, ниугєйє уадтє. (Пли- тыХ.) .г\\’ ’ ¦ II? ФЄЛТЄРЄН. Бакєсут хъуыдыйєдтє. Ссарут дзы сйдєнтє ємє бацамонут се’рхадєн нысєнтты євєрд. 1. Госєма рєсугъддєр! Уазєг дєм фєцєуы! (Къубал- ты А.) 2. Ує, рєсугъд цинты фєцєуат, Иры разагъды фєсивєд, (Гафез) 3. Мє хєдзар, Бабало, ємє єрдєбон куы фєцєйхастай ^ынг. (Туаты Д.) 4. Тома, нє сихорыл нын баввєрс. (Плиты И.) $. Є, бйрє мын: фєцєрай, Бибо! (Плиты И.) 6. Зєрдєрухс у, Хъызмыдє. (Саулохты М.) 7. Тєхуды, тєхуды, мє райгуырєн оєстє, дє риуыл фєрнджынєй єнусмє фєцєр! (Гайты Е.). 8. Дзєгъєлы загъд кєнут, Леуан, зєххытє колхозы сты ємє йє бамбар. (Джиоты Д.) 9. Мє сєр дын нывонд у, нє Цєдис! (Плиты И.) 10. Терчы уылєнтау дє зарєг, ує, нє сєрхъызой Къоета. («Фидиуєг») 11. Ма батыхс, хорз ємгар, аргъєуттєй, дардыл нє уыдзєн нє дзырд! (Фєрнион) 12. Мє фєдыл размє, Иры фєсивєд! (Дєбе) 13. —~ Уари, Уари, ма ныццєв! Ахмєт у.: — Єнхъєл дєн, мє хо, фєхудинаг мє кодтай? — Нє, Уарй цєра, нє! (Секъа) § 42. Бавєргє дзырдтє ємє хъуыдыйєдтє. Бавєргє дзырдтє ємє хъуыдыйєдтє хонынц ахємты, кєцытє євдисынц дзурєджы ахаст йє хъуыдымє. Райсом єноемєнг, хур бон уыдзєн. Ам дзырд єнємєнг хъуыдыйады уєнгтєй иуимє дєр баст нєу: никєцыйє сє ис афтє бафєрсєн, ємє йын єнємєнг дзуаппєн куыд бєзза, Цы уыдзєн?— Хур бон. Кєд уыдзєн? — Райсом. Дзырд єнємєнг хауы, єппєт хъуыдыйадєй цы хъуыды загъдєуы, уымє. Дзурєг єнхъєл у, райсом хур ^он уыдзєн, зєтъгє, уырны йє уыцы хъуыды. Райшм, чи зоны, хур бон уа. Ам та дзурєг єргом кєны йє зєрдєйы гуырысходзинад кєнє єиєууєнкдзинад йє хъуы- дыйыл, Нє йє уырны фидарєй, райсом хур бон уыдзєн, уый. Ча зоны хауы иунєг уєнгмє нє, фєлє єппєт хъуыдыйадмєг єплєт хъуыдымє. 75
Метеорологон сводкємє гєсгє, райсом хурбон уы- дзєн. Ам дєр бавєргє дзырдтєй дзурєг амоны, ома єппєт хъуыды (райсом хур бон уыдзєн, зєгъгє) йєхи хъуыды иєу, фєлє єндєр кєйдєр (метеорологои станцєты). Ахуыргєнєг хъуамє радта йє ахуыргєнинагєн ахєм ахас- тытє ємє миниуджытє: фыццаджыдєр, уарзондзинад, уар- зондзинад хи адєммє, уарзондзинад фєллойгєнєг дзыллєтєм, адєймаг хъуамє уарза адємты. Дыккаджы, цєсгомджындзи- над, ахуыр кєнын хъєуы сыеєллєтты цєсгомджындзинадыл. Єртыккаджы.хъєбатырдзинад, социалистон адєймаг у фєл- лойы адєймаг. Уый фєнды єрдзыл фєуєлахиз уєвын. Ємє єрмєст зєххы тымбылєгыл цы дуне ис, уый нє, фєлє ма єп- пєт дунейы базонын дєр. Цыппєрєм, ємбалады єнгомдзи- над. Хъєуы, цємєй уа ємбалады єнгомдзинад, ємуддзинад... Фєндзєм та уый, ємє уарзын хъєуы фєллой... (К а Л II И II И). Бавєргє дзырдтє єргом кєнынц дзурєджы уырнындзинад, дызєрдыгдзинад, тєригъєд, дзурєджы хъуыдыты цыд кєрєдзи- йы фєдыл, дзурєгєн хъуыдытє йєхи кєй не сты ємє єндєр ахєм ахастытє. Бавєргє єрмєст иугай дзырдтє нє, фєлє єнєхъєн хъуы- дыйєдтє дєр вєййынц. Реуаз єлдарєн радзырдта адємы фєдзєхст ныхєстє. Кєй зєгъын єй хъєуы, єлдар мєстєй артау ссыгъди, бандон фелвєста ємє йє Реуазы сєрыл ныццавта. (Секъа) 118 ФЄЛТЄРЄН. Равзарут, бавєргє дзырдтє ємє хъуыдыйєдтє цы євдисынц, уый. Рєсугъд хур бон уыд. Цъєхсєр къєдзєхтє, євзпстау, єрт- тывтой. Алы хорз дидииджыты тєфєй адєймаджы зєрдє рухс кодта. Иудзырдєй, бєстє дєр базмєлыд, цємєдєр йєхицєттє кодта. (Секъа) 2. Марине ємє Тугъанмє хорз нє фєкаст, се *лдары зєххыл кєй єрцардысты, уый ємє лидзыны фєнд скодтой. Фєлє, се ’намондєн, уайтагъд єлдар Цолахъы фырт хизєггаг исынмє єрцыди. (Секъа) 3. Євєдза, раст зєгъы баба. (Дзесты К.) 4. Сымах ардыстєн, гъе уый мє єцєг ферох. (Дзесты К.) 5. Кєйдєр загъдау, арсы хъуыны мєлдзыг. (Єм- бисонд) 6. Лєгєн, дам, йє уындмє ма кєс, фєлє йє зондмє. (Ємбисонд) 7. Єз дєр, миййаг, куы фєрынчын уон. (Цомахъ) 119 ФЄЛТЄРЄН. Ныффыссут уєхи єрымысгє хъуыдыйєдта\ бавєрпс- дзырдтєй дзы мєнє ахємтє куыд уой: єнємєнг, раст зєгъгєйє, бєлвырд. махмє гєсгє, цыбыр дзырдєй, иуєй-иннємєй, чи зоны* єнхъєлдєн, єцєг,. євєдэа. 76
120 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут текст, єрхєцєи нысєнттє євєргєйє. 1. Чи зоиы искуы єрєфта дє зєрдыл иуиєджы сагъєс мє- гуыры бєллын. (Къоста) 2. Євєццєгєн мєхи хъєрєй къултє ныццарыдтой. (Хъороты Д.) 3. Мє къонайыл уым цы цєссыгтє федтон. (Бекъойты Е.) 4. О, хєдєгай куыннє дын єй загътон раздєр. (Цєгєраты М.) 5. Єнхъєлдєн фєдзєгъєл стєм нє єндагєй. (Дєбе) 6. Єцєгдєр єнє хъуыддаг нє бацыди Инал сманмє. (Хъуылаты С.) 7. Ирон дє? — Бєгуыдєр ирон! (Хъуылаты С.) 8. Євєццєгєн фылдєр йєхи мєт кєны. (Хъуы- латы С.) 9. Ныртєккє йє єнємєнг ардєм хъєуы. 10. Иє амон- дєн рагацау бацыд ноликлиникємє, ємє йын йє низы хатт раиртєстой йє рєстєгыл. 11. Правленийы уынаффємє гєсгє Аслємбегєн преми телевизор ратдзысты. 12. Євєдза нырма рувыи афон нєма уыд! 12) ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы хъуыдыйєдты. Бавєргє дзырдты бын бахлхх кєнут. 1. Фєстєдєр, ции дын фенон, Лексойы дзыппытє дымсын райдыдтой. («Фидиуєг») 2. Иу дзырдєй, балцы цєуын тынг фєцыд Петрейы зєрдємє. (Газетєй) 3. Цєй, куыд тагъд кє- ныс, зєгъгє, сусєг дзырд сабыр райхъуысы. (Харебаты Л.) 4. Иу цыбыр ныхасєй, хъєууонхєдзарадон машинатє цалцєг цєуынц рєстєгыл. (Газетєй) 5. Иу цыбыр дзырдєй, музыкє иє уды цардєи єргом кєны йє бєрзонддєр, йє зынаргъдєр хай. (Галаты Б.) 6. Боны фєстагмє дын, дє ном дєр єгад ємє дзырддаг кєнынц. (Газетєй) 7. Кєсаг афтє: исты, дам, зєгъин, фєлє мє дзых донєй йедзаг у. (Хъуылаты С.) 8. Дис- саг у, євєдза, адємы сфєлдыстад. 9. Дє хорзєхєй, изєрмє акєн уыцы хуым. (Цєгєраты М.) 10. Сабазы, євєццєгєи, уа- зал хъыг дары. (Цєгєраты М.) 11. Єрмєст, йєхи загъдау, профессор ие суыдзєн. (Цєгєраты М). § 43. Дзырдтє О, НЄ, НЄЙ хъуыдыйады райдайєны. Диалогты дзырдтє о, нє ємє нєй арєх вєййынц єнє- хъєн хъуыдыйады бєсты. — Ды євдєм къласы ахуыр кєныс? — О. — Литературон къорды уєнг дє? — Нє, єз клубы драмкъорды уєнг дєн. Дыккаг хъуыдыйады о ис, хъуыдыйад єз євдєм къласы ахуыр кєнын, зєгъгє, уый бєсты. Цыппєрєм хъуыдыйады та нє ис, єз лигпературон къооды уєнг нє дєн, зєгъ- : гє. уый бєсты. 77
Кєд ємє о кєнє нє лєууой, сє мидис сын чи райхальг, ахєм хъуыдыйады размє, уєд сын сє хєд фєстє февєрынц къєдзыг. — Къулы газетмє уацхъуыд ныффыстай? — О, ныффыстон. 122 ФЄЛТЄРЄН. Ацы хъуыдыйєдты сбєрєг кєнут, о ємє. нє єнє- хъєи хъуыдыйады ролы кєм сты, уый. 1. Нє, Миха, нє ацєудзынєн. Стєй мє сывєллєттє та? (Бекъойты Е.) 2. Иууылдєр сє дєхєдєг сныв кодтай? — О, мєхєдєг. (Дзадтиаты Т.) 3. Єрмєст мє зєрдємє хъары мєнєн, о, Пушкин, дє хъыг. (Балаты Т.) 4. Фестут мєиєу карст, Єцца? — Нє, мє хур, нєма. (Дєбе) 5. Фондз уал дзы скъєрут? — О, фондз уал дзы равзєрстон. (Епхиты Т.) 6. «Нє, фєлє дєхєдєг иицы зоныс?» — «Єз ницы зонын?>> — «0!» — фєхъєр кодта Зелимхаи. (Епхиты Т.) 7. «Циу, цы хабар у, дє хорзєхєй?» — «Нєй, уєхєдєг єй хъусдзыстут, єз уыи ницы- уал зєгъинаг дєн». (Хъуылаты С.) 8. «Англисагау дзєбєх дзу- рыс?» — «Нє, акцеит ма мє хъыгдары». 9. О хур, ды дєттыс царды хос махєн! 123 ФЄЛТЄРЄН. Ацы фєлтєрєи рафыссут. Дзырдтє «О» ємє «Мє» хъуыдыйєдты бахты кєм сты, уым сє быны бахахх кєнут. 1.0, євзєр зєххытє не сты. (Цєгєраты М.) 2. О, уый єцєг афтє уыди. (Цєгєраты М.) 3. Не сразы єнєрвєссон суа- дон йє сыхагимє? — О, не сразы! (Бесаты Т.) 4. Цалыимє зєхх нє фєсалд,. уєдмє фос скъєрын хъєуы. — Нє, раджы у нырма. 5. Хъуамє дє арсы фыдєй хорз. фенон. — Арсы фыдєй? — О, арсы фыдєй. (Нигер). 6. О, фєлє єгєр иыххус сты. мє уидєгтє, — рахъаст кодта єфсии. (Гаглойты В.) § 44. Євастхъєртє хъуыдыйады. Євастхъєртє хъуыдыйады уєнгтє нє вєййынц (фарсты- тєн дзуапп нє фєдєттынц), уыдон єрмєст дзурєджы єнкъа- рєнтє єргом кєнынц. Ємє сє алкєй дєр фєзєгъынц, цы єнкъарєн сєргом кєны, уымє гєсгє хъєлєсы уагєй, зєгъєм^ єллах!— тарсты хъєлєсы уагєй, гъєй-джидп! — тєхудьь гєнєджы иитонацийє ємє афтє дарддєр. Євастхъєртє рахицєн кєнынц къєдзыгєй; кєд сє тых- джын интонацийє загъдєуа, уєд та хъєры нысанєй. Гъєй-джидШ Искуы дє фыййау куы разарид иу сау къє- дзєхы сєрєй. (Къоста) 78
124 ФЄЛТЄРЄН. Равзарут ацы хъуыдыйєдты євастхъєрты роль. 1. Ой, куыд мє фєтєрсын кодтой, Михал| (Бекъойты Е.р 2. Гъа, мє хуртє, ахєрут. (Дзадтиаты Т.) 3. О-о, уый дисса- джы ран у. (Цєгєраты М.) 4. Ау, ємє сє цємєн бахъуыд- тєн? (Джимиты Г.) 5. Уєуує, Айсєду, кєйдєртимє мє куы абарстай. (Цєгєраты М.) 6. Гъєй-та, гъєй-та-ма! Къухєй ауыгътон, уєд мє сау хъама къулыл сауыгътон. (Хъамбердиа- ты М.) 7. Бузныг, бузныг^ мє хур, амондджын хъуыддаг фє- уєд! (Епхиты Т.) 8. Ох, ох! Мє къєхтыл нал лєууын. (Епхи- ты Т.) 9. А-а, євєццєгєи, уый дєр махимє хєцынвє1?д кєны? (Хъуылаты С.) 10. Ысс, ысс, размє, Цъєхой! Сабыр, хєрз са- быр галтє исынц сє къєхтє. (Хъуылаты С.) 11. У-у, джауыртє,. єргомєй нал уєндынц ємє ныр сусєгєй цытє кєнынц. (Хъуылаты С.) 125 ФЄЛТЄРЄН. Бакєсут хъуыдыйєдтє ємє бацамонут, євастхьєр- тє цавєр єнкъарєнтє євднсынц, уый. 1. «Ехх, Райгуырєн бєстє, цєй адджын дє, цє!» 2. А-а-а^. хъєуыхицауы чи амардта, уыцы Болайє зєгъут? 3. Гъей! Кєй хъєуы тамако, уый ардєм рацєуєд. (Дєбе) 4. Гъы, хєйрєг,. зєронд хъембыр Бєппийы фєндаггєгтє ды никуы бахєрдзынє. (Джиоты Д.) 5. Ей, дє хорзєхєй, єгєр дзы ма ’ппєл. (Джио- ты Д.) 6. У-у-ух! — ныффуттытє кодта дымгє. (Гаглойты В.) 7. Ха-ха-ха!.. — райхъуыст євзонг чызджы хъєлєс. (Нига).„ 8. Ау, ємє адємы сєрыл йєхи чи ’рхастаид, єлдары чи амард- таид, ує хъєуы иу ахаем лєг нє разыид? 9. Кєцєйдєр єрбай- хъуыст уасєджы хъи-хъри-хъу! (Дзугаты Г.) 10. Єй, євзєр> цыдєр, ныр кєдєм хєсдзынє дє уаты. (Дзесты К.)
IX. ХЪУЫДЫЙАДЫ ИРТЄСТГОНД ФЄРССАГ УЄНГТЄ § 45. Хъуыдыйады иртєстгонд уєнгтє. Хъуыдыйады мидєг иуєй-иу фєрссаг уєнгтє хатгай єр- дєуыиц иртєстгонд иинєтєй паузєйє ємє ємбєлон интонаци- йє, цємєй сєм хъусєг хуыздєр єрдара йє хъус. Иртєстгонд уєнгтє арєхдєр вєййынц сє ємбарынгєнинаг дзырдты фєстє. Цєвиттонєн райсєм дыуує ахєм хъуыдыйады: а) Стыр хъыг у мєнєн дєуєй ахєм ныхєстє хъусын; б) Стыр хъыг у мєнєн, зєронд лєгєн, дєуєй ахєм ныхєстє хъусын. Фыццаг хъуыдыйад зєгъгєйє, куыд хуымєтєг таурєгъон хъуыдыйад зєгъгєйє, хъєлєс дзырд мєнєн-ы кєронмє фє- бєрзонддєр вєййы, стєй хъуыдыйады кєронмє єрныллєг вєй- йы. Дыккаг хъуыдыйад зєгъгєйє дєр афтє, фєлє єрмєст ємхасєн зєроно лєгєн загъд єрцєуы тыхджындєр хъєлє- сєй, стєй йє размє ємє йє фєстє дєр вєййы чысыл паузє- тє, фысты мидєг та сє фєиртєстєуы къєдзыгтєй. Хъуыдыйады мидєг паузєйє ємє интонацийє цы фєрссаг уєнгтє рахицєн кєнєм иннєтєй, уыдон хонынц хъуыдыйады иртєстгонд уєнгтє. Цєвиттонтє: Хъєуы ничиуал аззади, сыеєллєпгтє ємє зєронд устытєй фєстємє, иууылдєр рацыдысты быдырмє. (Епхиты Т.) Ам фєиртєстєуыд єххєстгєнєнтє. Дєле, Терчы фаллаг фарс, Мєтхохы рєбынты адаргъ мєхъєлон хъєу Длинная долина, — ома Даргъ дєлвєз. (Цомахъ) Ам фєиртєстєуыд бынаты фадат ємє бєрєггєиєн. Нє заводы, фыццагон зєронд станокты бєсты, ныр кусынц ног станоктє — автоматтє. Ам фєиртєстєуыд єххєст- гєнєн ємє йемє баст дзырдтє. Ф и п п а н н а г. Фєрссаг уєнгтє иртєстгонд єрцєуынц фєсєвєрдтє ємє фєрсдзырдты єххуысєй: фєстємє, йедтємє, уєлдайдєр, ома, суанг, бєсты ємє єндєртє, кєцытє уєд вєййынц бєттєгты ролы ємє хъуыдынады уєнгтыл нымад нє цєуынц. 80
126 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут текст. Бахахх кєнут иртєстгонд уєиг* ты бын. 1. Дауыт, йє сєр ныллєг єруадзгєйє, фєцєуєг. 2. Ує арєзт фыдуыид машинєтє уын рєсугъд кєндзынєн, — йє цин- дзииад нал бауромгєйє, загъта Фєрдыг. («Фидиуєг») 3. Чы- сыл лєппутє, газеттє уєйгєнджытє, цыдысты уынгты. (Тлат- ты X.) 4. Дыуує лєджы кєрєдзи євдєрзгєйє, богалтау хъєр- зыдтой. (Баситы М.) 5. Єрмєст Зєли, Тедойы ус, тынг хъыг кодта алы хатт, йє мой-иу цуаны куы раст кодта уєд. (Къос- та) 6. Йє рахиз фарс, чысыл уырдыджы, хызт дзєбидыры дзуг. (Къоста) 7. Чысыл лєгъз бынат, къєдзєхы рындзыл, хорз уыдзєи єрбадыиєн, бахъавынєн. (Къоста) 8. Нє хъєуккаг ахуыргєпєг, Бибойы фырт Соломап, арєх касти иу цавєрдєр чиныджы. 127 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы хъуыдыйєдтє. Бахахх дзы кєнут нртєстгонд уєнгтє. 1. Правленины хъєусоветы секретарь, фєскомцєдисон, чысыл столы фарсмє бадт. 2. Мах, советои адєм, разєигардєй аразєм коммуиизм. (Газетєй) 3. Бедзеты мыггаджы хистєр, зєроид Хъєвдын, бацыд Мосейы размє ємє йє худ систа. (Бязырты Д.) 4. Гути, хъєуы фиййау, йєхєдєг дєр раст йє хєдзары хуызєн. (Хъаныхъуаты И.) 5. Ирыстоиы фыццаг адє- мон поэт, Хетєгкаты Леуаны фырт Къоста, райгуырд 1859 азы. (Газетєй) 6. Къамады цєгатгєрои царди хибаргомау Дадолты Сымси, дыууиссєдзазыккон бурхил лєг. (Арсен) 7. Хаст сыл- гоймаг, фєндаггон, мєгуыргур оххытє кєиы. (Цомахъ) 8. Ай- ай, хъуамє уын сє ранымайон ємє сын- рахєссат ує тєрхон, сымах — хъєубєстє. (Бєдоаты Хъ.) 128 ФЄЛТЄРЄИ. Равзарут, цавєр уєнгтє єрцыдысты иртєстгонд. 1. Скъоладзаутє, Габойє фєстємє, иууылдєр уыдысты къласы. (Арсен) 2. Уєдєй фєстємє йє горєты исты хъуыд- даг куы вєпйы, уєд Карум, Цхиивалы бєсты, дардмє фєцєуы, Ахалгурмє кєнє суаиг Душетмє. (Арсен) 3. Мах, мєиє Ах- берд, Баца, Темыр ємє ма иуцалдєрєй, ахицєп кодтам иє хєс. (Дєбе) 4. Фєзилєиєй разынд доны сєрмє нарєг хид, дыуує даргъ ставд хъєдєй арєзт. (Беджызаты Ч.) 5. Уалыимє сєм рацыди иу бєрзонд ус, уєзданхуыз, сау дарєсы мидєг. (Цомахъ) 6. Хъєды сырдтєй бирєтє, цєвиттоиєи, єхсєрсєт- | тєг, зымєгмє сєхицєи хєринаг бацєттє кєнынц. 6. Бязырты А. 81
§ 46. Иртєстгонд фадєттє (Фадатон дзырдтє). Иртєстгонд фадєттє арєхдєр бєлвырд кєнынц сє хєд- размє лєууєг бынаты фадаты кєнє афоны фадаты ємє- фєдомынц уыдоны фарстытє кєм? кєд? Доны былтыл, галиуырдыгєй дєр ємє рахизырды- гєй дсер, зайы стыр тар хъєд. (Дєбе) Кєм зайы хъєд? — Доны былтыл (быиаты фадат)). Кєм зайы? — Галиуырдыгєй дєр ємє рахизєрдыгєй дєр (иртєстгонд фадат). Ам фєрсдзырдтє галиуырдыгєй ємє рахизырдыгєй бєлвырддєр кєиынц бынаты фадат доны былтыл,— хъєдєн. ис гєнєн ємє зайа єрмєст иуырдыгєй былтыл. Фынддєс азы размє, уалдзыгон бон, хъєуы єдде хъа- зєн фєзы стыр хъазт уыди. (Арсеи) Кєд уыди хъазт? — Фынддєс азы размє (афоны фадат). Кєд уыди хъазт? — Уалдзыгон бон (иртєстгонд афоны фадат). Ам уалдзыгон бон бєлвырддєр кєны йє размє лєууєг фынддєс азы размє, — хъазтєн ис уєвєн фєззєджы дєр> ємє зымєджы дєр. 129 ФЄЛТЄРЄН. Бакєсут ацы хъуыдыйєдтє. Ссарут иртєстгонд. уєнгтє. Бацамонут, цавєр уєнгтє сты. 1. Уєлладжыры комы, Нузалы, цард мєгуыр ус ємє лєг — Сауаты Саукуыдз ємє йє ус Сєниат. (Секъа) 2. Єв- зонг лєппулєг ардєм Кавказєй, хуссарєй, єрхуыдта. (Гафез) 3. Уый уыдис 1930 азы, нартхор рувын афон, Галиуфарсы хъєуы. (Дєбе) 4. Чысыл фалдєр, комрєбын, зынудисєн кодта иу євзонг, сау къуыбыррихи лєппу. (Дзугаты Г.) 5. 1920 азы уалдзєджы уонг, майы бонтєм, Хадзымураты бал уыди Рика- сихы хъєуы ємє йє алыварс иннє хъєуты, цєгат Двинайы атагъайы. (Кочинов К.) 6. Леуахигомы, иу хъєуы цур, хъомпал кодтой адєм. (Газетєй) 7. Єрмєст дєр єм, кєсы фале, райда-’ йы адєймаг ємбарын ацы хєхты пырхєиты *хсєнмє-’хсєнты арєзт. (Басаты П.) 8. Иу бон, декабры мєйы, партизантє ба- зыдтой, Петрищевойы хъєуы кєй єрыицад немыцаг єфсєддон хай. 9. Рагєй-єрєгмє хъєууон адєм, кулакты йедтємє, кє- нынц мєгуыр талынг цард. (Хъуьищты С.) 130 ФЄЛТЄРЄН. Равзарут, иртєстгонд уєнгтє ємє здєхтытє цавєр ныхасы хєйттєй сты ємє цы ’гъдауєй иртєстгоид цєуынц, уыдєттє. Ир- тєстгонд уєнгтє кєм нєй, уыдон дєр равзарут, цємєн сє нє бахъуыд иртасыны сєр. 1. Уєлєуєз, иу хохы тєккє цъуппыл, сау къєйты єхсєга иунєгєй рєзы иу хєххон дидинєг. (Цомахъ) 2. Берлинмє ар- 82
дыгєй, Кавказєй, цыд размє тохгєнгє ирон. (Хъайтыхъты Г.) 3. Бетъре ацыд Дзауы комы мидємє, Хуыцъейы хъєуы ’рдєм. (Брытъиаты С.) 4. Саломе —идєдз ус —йє дыуує єнахъом чызгимє уайтагъд ацєттє кодта йєхи. (Арсен) 5. Бибо йє хєдзары куыстытє куы фєцис, уєд йє чындздзон чызг Нинє ємє йє цыппєрдєсаздзыд лєппу Балоимє рацыдис быдырмє кусынмє. (Епхиты Т.) 6. Митъо, цєлтыл ахуыр адєймаг, прейс- курантыл йє цєст ахаста ємє раиымадта цыдєртє. (Арсен) 7. Афєдзєй фылдєр рацыди, афтє амарди Леуаны фыд — кънйаз Иосеб Амилахвари. (Арсен). 8. Гарсеваны хистєр фырт^ къєдзєхыйас лєг, ратыдта ємбонды кєронєй хуылыдз мих. ємє йє єруагъта хистєр чапарыл. (Арсен) 9. Уалынмє кє- цєйдєр фєзыиди паддзахы булкъон Дриаты Бимбол. (АрсенУ 10. Иуварс, кєрдєг над фєндагыл, хъыс-хъысгєнгє тулынщ галуєрдєттє ємє бєхуєрдєттє иартхорєй дзагєй. (Дєбе) 11. Кєд дыуує хєлары ам бирє нєма фесты, — єрмєст авд боны, — уєддєр сє тынг бауарзтой фєллад уазджытє. § 47. Фєрссагмион здєхт. Иртєстгонд фєрссагми йемє баст дзырдтимє иумє хо- нынц фєрссагмион здєхт. Фєрссагмион здєхты рахицєн кє- нынц къєдзыгєй. Рацыди фєстємє, йє цєссыгтє калгє. (Цомахъ) Куыд рацыди? — Яє цєссыгтє калгє. Ам фєрссагми каягє, номивєгйб? ємє номдар цєссыг- тє євдисынц, архайд куыдєй єрцыд, уый ємє ємбарын кєнынц зєгъинаг рацыдп. Иу-цалдєр боны фєстє Сона, хъєусоветы бричкєйы бадгє, фєцєйцыдис, хур дзєвгар ссыд, афтє. (Цомахъ) Куыд фєцєйцыдис? — Хъєусоветы бричкєйы бадгє. Фєрссагми бадгє ємє йемє баст номдартє хьєусове- шы, дричкєйы бєрєг кєиынц зєгъииаг фєцєйцыдис. Фєрссагмиои здєхтытє сє иысаниуєгмє гєсгє хєрз єв- вахс лєууынц хуымєтєг хъуыдыйєдтєм, ємє сын уымє гєс- гє ис кєрєдзийє баивєн. Цєвиттон, уєлдєр єрхєсгє фыццаг хъуыдыйадєн ис афтє зєгъєи дєр. Рацыди фєстємє, йє цєссыгтє калдта, афтємєй. Фєрссагмион здєхт йє цєссыгтє калгсе ам ивд єрцыд архайды хуыз євдисєг хъуьщыпацєп: йє цсессыгтє калдта. Хуымєтєг хъуыдыйады, фєрссагмион здєхтмє ивгєйє, бєттєг дзырдтє ахауынц, хуымєтєг хъуыдыйады зєгъинаг- мивдисєг та фєрссагмимє раивы. 83
1. Йє къухтє йє синтыл сєвєрдта, афтємєй рацу- ’бацу кєны. Йє къухтпє чє синтпыл сєвєргєйє, рацу- бацу кєны. 2. Мє рагон єрдхорд Михал.знон преми куыиспга, уєд фырєфсєрмєй раарфє кєнынмє дєр нал сарєхст. Мє рагон єрдхорд Михал, знон преми исгєйсе, фырєфсєрмєй раар- фє кєнынмє дєр нал сарєхст. 131 ФЄЛТЄРЄН. Бацамонут, цавєр хуымєтєг хъуыдыйєдтєй ис баи- вєн ацы цєвнттонты фєрссагмион здєхтытєн. 1. Сослаиы кой-иу арєх фехъуыстон, колхозы зєххытыл практикєйы уєвгєйє. (Токаты А.) 2. Гарсеван иуварс цъєх нєууыл єркъул кодта, йє сєр йє къухыл єрєицойгєнгєйє. (Арсен) 3. Айссє сє фєстє, Ахмєтмє фєкєс-фєкєсгєнгє, къуыбырєй фєаууои. (Секъа) 4. Ємє йєхєдєг, къєдзєхы хуызєн уєвгєйє, къєдзєхы сєрєй фєлгєсы. (Бесаты Т.) 5. Ныццин кодта, мады дзуапп фехъусгєйє, Бетъре ємє фєл- мєн ныхъхъєбыс кодта Разиатєн. (Брытъиаты С.) 6. Аслєм- бег, уыцы ныхєстєгєнгєйє, сыстади йє баидонєй, рацыд єд- тємє ємє, ехс бигєйє, єрбадти сисы кєрои дурыл. (Сана- ты У.) 7. Хуыдєлон, сывєллєтты тєригъєдмє кєсгєйє, йє цєстысыг нал баурєдта. (Дзадтиаты Т.) 132 ФЄЛТЄРЄН. Ацы хъуыдынєдты ссарут фєрссагмион здєхтытє. Бацамонут, цавєр хъуыдыйєдтєй сын ис баивєн. 1. Єфсєст фосы дзугтє, бурбын рыг сє фєстє ласгє, ’рхєццє сты хъєууыигтєм. (Бязырты Д.) 2. Мах та, иєхєдєг євзєргєнєг уєвгєйє, искємєй хорз хъуыддєгтє агурєм. (журнал «Зонд») 3. Єз лєппуйєн, мє къух йє уєхскыл єрє- вєргєйє, загътои: «Кєцон дє, мє чысыл хур?». 4. Хъєубєсты фєсивєд єрбамбырд сты кєрты ємє дєларм-дєларм єрхєц- гєйє, бацайдагъ кодтой ємбисонды симд. (Цырыхаты М.) 5. Куы йын бакой кодтон Сохамедєи мє фєидоп, уєд мын, йє мидбылты зынєрвєссон худт бакєнгєйє, єндєр иыхєстыл фєци. (Дєбе) 6. Зєроид устытє, фыр дисєй сє цєстытыл хєцгєйє, кєрєдзийєн хъус-хъус кодтой. (Дзадтиаты Т.) 7. Иє зєрдє суынгєг, ємє дыуує ставд цєссыгы, євзист фєрдгуы- тау, єртылдысты йє рустыл Таймуразєн. (Гаглойты В.) 84
X. КОМКОММЄ НЫХАС ЄМЄ ФЄРССАГ НЫХАС § 48. Комкоммє ныхас ємє фєрссаг ныхасы ємбарынад. Райсєм ахєм хъуыдыйад: Механик изєры трактористы афарста: пДы абон цал гектары бахуым кодтай?" Ам дыккаг хъуыдыйад амоны, механик изєрєй, тракторис- ты фєрсгєйє, цы дзырдтє загъта ємє сє цавєр интонацийє загъта (фарстон), уый. Хъуыдыйадєн ма уыд афтє зєгъєи дєр: Механик изєры трактористы афарста, уый абон цал гектары бахуым кодта, уымєй. Ам механик цы иыхас загъта, уымєн йє формє чысыл ивд єрцыд, зєгъєм, ды -йы бєсты ам ис уый, фєрсыны интона- цийы бєсты та ам ис таурєгъон интонаци, фєлє кєд механи- чы ныхасєн йє. формє ивд єрцыд, уєддєр йє апп, йє мидис нє аивта, афтємєй баззади. Райсєм ноджы иу ахєм цєвиттон:» Бригадир бєхы ризгє куы ауыдта, уєд лєппумє фєхъєр кодта: „Тагъд фосы дохтпырмє ныууай ємсе йє ра- кєн!" Ам дєр дыкъєдзыгты єхсєн цы хъуыдыйад ис, уый єв- дисы, бригадир бардзырды интонацийє лєппуйєн цы дзырдтє загъта, уыдон. Ацы цєвиттонєн дєр ма ис зєгъєн афтє дєр: Бригадир бєхы ризгє куы ауыдта, уєд лєппумє фє- хъєр кодта, цємєй уый фосы дохтырмє тагъд ныууадаид ємє йє ракодтаид. Ам бригадир лєппумє цы фєхъєр кодта, уымєн йє фор- мє ивд єрцыд, йє интонаци дєр, фєлє уєддєр бригадиры бардзырды мидис ивд не ’рцыдис. Искєйы ныхас лєвєрд куы цєуа, йє формє єнє ивгєйє,. уєд ахєм ныхас хонынц комкоммє ныхас. Искєйы ныхас дєтгєйє, йє формє ивд куы єрцєуа, уєд, ахєм ныхас хонынц фєрссаг ныхас. 133 ФЄЛТЄРЄН. Ссарут комкоммє ныхєстє. Бацамонут сын се ’вєрды бынат, ома авторы дзырдтєм гєсгє. 85
1. Назирє йєхимидєг загъта: «Ахуыргєнєг суєвынмє бєллыдтє, Назирє, ємє зынтєй ма тєрс, тєппуд ма разын». (Нига) 2. «Фєирвєзы нє мыст, фєирвєзы!» — хъєр кодтой сывєллєтгє. (Нига) 3. «Кусєг хъєудзєн мит мєрзынєн»,— загъта Бесо иухатт ємє араст єфцєгмє кусынмє. (Цомахъ) 4. «Мєлєтдзаг цєф дєн, никуыцєй ис єххуыс», — ахъуыды кодта Тотырадз. (Дзадтиаты А.) 5. Грекъаг философ Демокрит дзырдта: «Ницыйє ницы рауайдзєн». 6. Сєхмєт сфєзмыдта Єфсєны фырты: «Сє хицау хъазы дзидза уарзы». (Бесаты Т.) 7. Клочков загъта: «Єртын танчы, єфсымєртє, мєлын ба- хъєудзєн не ’ппєты дєр! Фєстємє цєуєн нєй! Нє фєстє ис Мєскуы!» (А. Кривицкий) 8. Зєлинє тарст хъєлєсєй сдзырдта йєхинымєр: «Цымє йын уыцы къабаты хабар чи ра- дзырдта, мє фєдыл, сау калмау, цы хилы ацы иалат». (Бя- зырты Д.) § 49. Єрхєцєн нысєнттє комкоммє ныхасы. 1. Комкоммє ныхас хъєуы дыкъєдзгуыты єхсєн кєнын. 2. Кєд комкоммє ныхас авторы дзырдты фєстє уа, уєд йє хєд размє, авторы дзырдты фєстє євєрын хъєуы дыс- тъєлф. Цєвиттонтє: Ахуыргєнєг євзаджы урочы амыдта: „Хуымєтєг цы- быр хъуыдыйад арєзт у сермєст сєйрат семє зєгъи- нагєй". Хъамболат фєдзырдта Мысостмє ємє йын загъта: „Абон уьщы хуым барувупг, науєд быншон схємпєл уыдзєн". 3. Кєд комкоммє ныхас авторы дзырдты размє уа, уєд йє фєстє євєрдєуы къєдзыг ємє тире. Цєвиттон: пКусєгхъєудзєнмит мєрзынєн", — загъ- га Бесо иухатт ємє арастис єфцєгмє, куыстагур. (Цомахъ) 4. Комкоммє ныхас авторы дзырдты размє куы уа, ємє йє куы загъдєуа фєрсыны кєнє хъєрон интонацийє, уєд комкоммє ныхасы фєстє євєрдєуы фарсты кєиє хъєры нысан. Цєвиттоитє: „Абонмє дє нормєйсе цас бакуыс- тай?" —афарста йє Мисурєт. „Бєхты хуыммє ма бауадз!" — бахъєр кодта хуым- тєхъахъхъєнєг бєхгєсмє. 5. Автор йє ныхасы искєй иугай дзырдтє ємє хъуыды- йєдтє (кєнє къорд хъуыдыйады) куы фєкєна, уєд сє хъєуы 66
дыкъєдзыгты ’хсєн євєрын. Дыкъєдзыгты ’хсєн ма бакєнынц «ронийы дзырдтє дєр (ома искєуыл бахудєгау кєй фєзє- гъынц, ахємтє). Цєвиттонтє: «Фыдєлты намысы бєсты не 9хсєн хъуамє ныффидар кєнєм ног рєстдзинад», — загъта иухатт Хємєт, ємє ацы ныхєстє Дєхцийы зєрдємє тынг фєцыдысты. „Ног рєстпдзинад" єнцад-єнцад райдыдта євзарын Дєхци дєр. Ацы фєстаг хъуыдыйады автор спайда кодта Хємєты дзырдтєй „ногрєстдзинад"-єк ємє уымєнсты дыкъєдзыг- ты єхсєн. Дыккаг ус єрхаста... (фыд) Єркодтой мєн дєр... Мє „чындз" мє нє уарзта, — Фыдсыл уыд кємдєр! (Къоста) Ам фыдыусы, кєнє дыккаг мады автор хоны «чыидз». Ин- нєтє йє афтє кєй хуыдтой, уый тыххєй, бахудєгау, єндєр ын цєй чындз уыд. 0, нырма зєххы єхсєзєймаг хаймє ныккаст ацы диссаджы хур, фєлє сєрибарєй рєуєг ємє сыгъдєг уєлдєф нєма улє- фынц капиталистон бєстєты фєллойгєнєг адєм — кусджытє ємє зєхкусджытє, фєлє тагъд „нынныгуылдзєн йє хур капитпалєн, ныппырх уыдзєн „йе €мбыд гєнахєн йє цари9 ємє уєд уыцы бєстєты фєллойгєнджыты дєр, мах бєстєтау, хур батавдзєн ємє, фєскъєвда хур бон цы рєуєг ємє сыгъдєг уєлдєф вєййы, ахєм уєлдєфєй єнцонєн улєф- дзысты. (Дарчиты Д.) Ам „нынныгуылдзєн йє хур къапиталєн", „йе ’мбыд гєнахєн йє цари сты Плиты Харитоны ємдзєвгєтєй «сисгє дзырдтє ємє сє автор уымєн бакодта дыкъєдзыгты «єхсєн. Иу автор иннєйы уацмысєй цы скъуыддзаг райсы, уый хонынц цитатє. 134 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут текст ємє єрєвєрут єрхєцєн нысєнттє. 1. Сымах дзырдтат єз єнємєнг єрбацєудзынєн изєры ємбырдмє. 2. Чи у ирон литературон євзаджы бындурєвєрєг афарста ахуыргєнєг Нинєйы. 3. Кусєг адєм сєхуыдтєг сєхи къухєн куынє райсой сєрибар цард амонынц нє фєтєгтє, уєд сын єй ничи ратдзєн. 4. Хъєздыг цы нє кєны, мєгуыр цы нє бары дзырдта фыццагон ємбисонд. 5. Ємбєлттє фєлєуут мєн- мє рахъєр кодта хєдзарєй Хадзымєт єз дєр уемє цєуын. 6. Ємбырды сєрдар загъта ємбєлттє єрсабыр ут ємє райда- 87
йєм кусын. 7. Адєймаг цємєй ма фєрынчын уа дзырдта дох- тыр уый тыххєй хъуамє сыгъдєг дара йєхи. 135 ФЄЛТЄРЄИ. Бакєсут ємє равзарут ацы хъуыдыйєдты сконд. 1. Бабыз йєхинымєр мєты бахауд: кєд єрцєудзєн Сона„ зєгъгє, йє фыд єм куы хєца. (Цомахъ) 2. Раст уыцы заманы чиныг дєр єрцыд сахарєй, цємєй рабфакмє иу удгоймаг рар- витой, зєгъгє. (Цомахъ) 3. «Хуымєтєджы ирон у», — зєгъгє, йє ауагътой, ємє баздєхти Хуссар Ирыстонмє. (Цомахъ) 4. Сона-иу йє зєрдыл єрбалєууыди: знон ын сыхы устытєй чидєр загъта, зєгъгє, дам, колхозєн баххуысмє Дзєуджыхъє- уєй рабфачы фєсивєд єрцєуынмє хъавынц, кусєнгарз, дам, сын агуырдтой. (Цомахъ) 5. Асиат, куы дє фєрсой, цєуылнє комыс, зєгъгє, уєд де ’фсон — моймє дын мє разєи ацєуєн нєй. (Брытъиаты Е.) § 50. Д и а л о г. Дыуує адєймаджы єрныхас хонынц диалог. Диалоджы иу дзурєджы комкоммє сныхас фєхонынц репликє. — Каей фырт дє? — Толайы. — Кєм уыдтє? — Скъолайы, Алы бон дєр дзы вєййын. (Къоста) Къостайы ємдзєвгє «Скъолайы лєппу» конд у єрмєст реп- ликєтєй ємє єппєт ємдзєвгє у диалог. Чиныджы диалоджы репликєйы размє євєрынц тире, ног рєнхъєй алы репликє куы райдайы, уєд, кєнє та репликєтє бакєнынц дыкъєдзыгты ’хсєн ємє дыуує репликєйы ’хсєн та єрєвєрынц тире. «Цытє ласыс?» — «Сугтє», — «Ємє хос куы ласыс, уєд сугтє цємєн зєгъыс?» — «Ємє йє кєд уыныс, хос ласын, уый, уєд ма мє цємє фєрсыс?» 136 ФЄЛТЄРЄИ. Рафыссут ємє єрхєцєн нысєнттє єрывєрут єм- бєлои бынєтты. — Джена, мє хур, єрбахастай дє афтобиографи афарста парторг Джена куыддєр.дуары къєсєрєй бахызт, афтє. — Не ’рбахастон єнкъардєй загъта Джена — Цєуылнє уєд — Цы дзы ныффыссон ахємєй мєм ницы ис 88
— Уый та цы хоныс куыд ницы дєм ис. Астєуккаг скъола тынг хорз каст фєдє — Є’мє астєуккаг скъола єз иунєгєй фєдєн каст йє ны- хас ын фескъуыдта — Хъєууонхєдзарадон институты фєсаууонмє ахуыр кє- ныс. — Ємє уым алы хъєуєй дєр ахуыр кєнынц — Фєсивєды бригады бригадир дє ємє дє куыст хорз: цєуы — Ємє ма ныр євзєр кусын йє сєрмє чи хєссы. — Уыдон иууылдєр биографийєн тынг хъєздыг євдисєн- тє сты. Цу ємє йє тагъддєр афысс, мє хур, кєниод иннєты гєххєттытє дєр къуылымпы кєныс. — Хорз Уый ныффысдзынєн. (Дєбе) § 51. Комкоммє ныхас фєрссаг ныхасєй ивын. Искєй комкоммє ныхасы искємєн дзургєйє, адєймаг арєх фєзєгъы, дзурєг єй комкоммє куыддєриддєр загъта, афтє нє, фєлє фєрссаг ныхасы хуызы. Комкоммє ныхасєн фєрссаг ныхасмє ис раивєн бєттєгты кєнє бєттєг дзырдты руаджы — кєй, цємєй, уый. Комкоммє* ныхасы цєсгомон номивджытє ивд єрцєуынц, дзурєгмє сын цы ахаст уа, уымє гєсгє. Комкоммє ныхасы сидєнтє, бавєргє дзырдтє, євастхъєртє та хаугє акєнынц. Комкоммє ныхасєй: ємє авторы дзырдтєй иумє сєвзєры вазыгджын хъуыдыйад. Цєвиттонтє: а) Ме умбал мє афарста: „Ды кєдєм цєуыс?" Раивд цєуы афтє: Ме ’мбал мє афарста, єз кєдєм цєуын, уымєй. Ам фєрсгє дєр автор кодта ємє комкоммє ныхасы дєр» йєхєдєг ивы, ємє уымє гєсгє ды ивд єрцыд єз-єйг мивдисєджы цєсгомон кєрон дєр фєивта. б) Меумбал бафарста Мураты: »Ды кєдєм цєуыс?" Ивд цєуы афтє: Ме умбал бафарста Мураты, уый кєдєм цєуы, уымєй. Ам та комкоммє ныхасы фарст нєу ныхасы ивєгмє арєзт, ємє уымє гєсгє ды єрцыд ивд уый -йє, афтє йє мивдисєг дєр. в) Ахуыргєнєг мємєрбакаст ємє мын загъта: „Цогойы фырпг, сыстп ємє радзур Кьостайы биографи". Ивд цєуы афтє: Ахуыргєнєг мєм єрбакаст ємє мын загъта, цємєй сыс- тадаин ємє радзырдтаин Къостайы биографи. Ам сидєн дзырд «Цогойы фырт» ахауд. 89
137 ФЄЛТЄРЄН. Раивут фєрссаг ныхасмє ацы комкоммє ныхєстє. 1. «Мєнмє гєсгєйє абон нє хуым рывд фєуыдзыстєм»,— сдзырдта рувджытєй иу. 2< «Райсом ма немє рацу!» — лєгъзтє мын кодта ме ’мбал. 3. Кафджытєм кєсджытєй чидєр ба- хъєр кодта: «Ує къах рогдєр исут!» 4. Тренер йє командєйы сабыр кодта: «Тєрсгє ма кєнут, пурти-иу кєрєдзимє афоныл дєттут, ємє фылдєр голтє мах уыдзысты». 5. «Тыиг тєвдєй уазал дон ма нуазут!» — фыст уыдис даргъ плакатыл. 7. «Ми- дємє рацєут, хєлєрттє!» — дардмє сидтысты парчы дуары •сєрмє сыгъзєринхуыз єрттиваг дамгъєтє. ФЄЛХАТТ КЄНЫНЫ ФЄЛТЄРЄНТЄ 138 ФЄЛТЄРЄН. Раиртасут хъуыдыйады сєйраг уєнгтє ємє зєгъут, цавєр ныхасы хєйттєй арєзт сты, уый. 1. Мадєн фырцинєй акалдис йє цєссыг. (Къоста) 2. Го- джы изєрмилты бахєццє ис Солтаны хъєумє. (Къоста) 3. К/ьостайы фыд, Леуан Елызбары фырт, райгуырдис 1810 азы. {А. Малинкин) 4. Ларсы єрлєууыдыстєм єхсєвиуат кєнынмє. (А. Пушкин) 5. Фидары кулдуармє єз амбєлдтєн иу ахст ироиы ус ємє чызгыл, уыдон ын хастой сихор. Дыууєйє дєр зындысты зєрдєнцой ємє уєндон. (А. Пушкин) 6. Хуры диа- метр у 109 хатты стырдєр Зєххы диаметрєй. (Сиукъаты Н.) 7. Хурєй 108 милуан километры куы адард уєм, уєд фендзыс- тєм диссаджы рєсугъд дуне. Уый у Бонвєрнон. Иє рєсугъд хуызы тыххєй йє схуыдтой Венерє. Єрвон буєрттєй Хур ємє Мєйє фєстємє Бонвєрнонєй тынгдєр ничи рухс кєны. (Сиу- къаты Н.) 139 ФЄЛТЄРЄН. Равзарут ацы тексты хуымєтєг хъуыдыйєдтє. Хурыскєсєны дымгє фаг улєфыд ємє Зєлдайы сау бе- цыкк иуырдєм фєйлыдта. Сє тєккє сєрмє мигъы тымбыл ¦ныллєууыд ємє. дыуує уарзоны хуры єнтєфєй хъахъхъєд- та. Уалдзыгон мєргътє сє сєрмє бєласєй зарыдысты ємє •сын кад лєвєрдтой. Сє цуры хєххон сау суадои бєрзондєй згъордта ємє сыи сє ныхєстєн фєлмєн хъырныдта. Уалдзы- гон рєсугъд бон хуры хъарм тєф лєджы зєрдє фаг тавы, фаг рєвдауы. Цъєх-цъєхид сгєлладау, алы къуым, алы дзыхъхъ йєхи сфєлындзы. Бєлєстє сыфтєртєй сєхи саразынц жмє дымгєимє ныхєстє кєнынц. Арвы астєуєй хур йє цє- хєр риуєй зєххы дзидзитєм ємраст ныккєсы ємє урс-урсид ^ехсыр тєнхъатє хєссы. (Секъа) 140 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы текстєй хуымєтєг хъуыдыйєдтє. Иу уалдзыгои бон Бибо йє фос хизынмє атардта хохмє, «У рєсугъд лєнчы фосдарєн скодта ємє уырдыгєй йє фос 90
хызта. Раст атынєгєй кєхцгєнєны єхсєн уарын байдыдта. Єхсєв-бонмє лєгбєрц мит ныууарыд, бєстыл сау къуыбыр нал фєзынд. Бєрзонд хохєй мит разєй кодта ємє Бибойы єд фос, єд рєгъау зєй фєласта. Нарєг комы зєйы быи иыххер- джитє сты. Дыккаг бон адєм афєдис кодтой, фєлє Бибойы уєтєрєй змєлєг нал уыд. Єрмєст ма комы нарєджы мєрд- ты смагмє зєйы уєлє сынтытє ратєх-батєх кодтой. Уалдзыгон хур єркаст. Єрєитєф. Єртыккаг бон мит дон фестад, єрнєг та цъєх адардта. Бибойы мард зєйы бынєй скъахтой ємє йє сынтыл йє хєдзармє ахастой. Фос, хъомєй иу дєр нал фервєзт. Сырдты, сынтыты хєлєттаг фесты. (С е к ъ а) 141 ФЄЛТЄРЄН. Раиртасут ацы радзырды хуымєтєг хъуыдыйєдты хуызтє. ФЫЦЦАГ ИРОН ГАЗЕТ. 22-єм июлы, сабаты, изєрєй газет фєци ємбырдгоид ємє арєзт. Иу-дыуує корректурон рєдыды ма хъуыди сраст кєцын. Ємє сихоры улєфтєй, бонсауизєрмє бакуысты фєстє набор- щик сфєид кодта мыхуыр кєныны райдайєны агъоммє чысыл аулєфын. Кусджытє ацыдысты. Типографийы дыууєрдєм ра- цу-бацу кодтой редакцион къорды уєнгтє ємє кастысты кор- ректурон оттисктє. Типографийы дуармє сємбырдй бирє адєм, єихъєлмє кастысты газеты рацыдмє. «Райдыдтам!» — загъта наборщик, йє бынатаей сыстгєйє. Иу-цалдєр минуты фєстє Ємбалты Цоцко зилын райдыдта типографийы зєронд маши- нєйы цалх. Ємбисєхсєвмє сцєттє фыццаг ирон газеты фыц- цаг номыр. «1906 аз, 23 июль, хуыцаубон» — уый у ирон перио- дикон мыхуырєн зєрдылдаринаг бон. (Ц о м а х ъ) 142 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы текст, єрхєцєи нысєиттє дзы євєр- гєйє. V 1. Мєгуырєй мын ма тєрс мє фыды зєронд. (Къоста) ?Й. Ох-хай-гъе тєрхъус-лєппыныл афтє ма фєхуд! 3. Гъе йє ^мад амєла уастєн зєронд сєрєн, — ахєм бахъуыды ран зонд ^кєм єхсиды! (Къоста) 5. Ахмєт євєццєгєн къахдзоныгътыл |бырынмє ацыд. 6. Абон єнхъєлдєн дыццєг у. 7. Иу михыл |Цам кау нє быдєуы. 8. Аслєнбег чи зоны ацыйаз Цъєймє улє- (фынмє ацєуа. 9. Зєронд лєджы ныхєстє єнхъєлдєн Пугаче- шд фєгуырысхо кодтой. Мє амондєн Хлопушє райдыдта йе рбалы ныхмє дзурын. (А. Пушкин) 10. О Волгє бирє азты шестє та дын ног салємттє єрхастон. (Некрасов) ш:; 143 ФЄЛТЄРЄН. Бакєсут текст, бацамонут хъуыдыйады ємхуызон ййенгтє ємє сє иугєнєг дзырдтє. ||". 91
Фольклор ємє литературє. Нє литературєйы сєууон стъалы Къоста иттєг арф ємє єххєстєй ємбєрста нє фольклорєн йє уд ємє йє ирд ємє рєсугъд дєр равдыста йе сфєлдыстады. «Єфсати», «Уєлмєрд- ты», «Лєскъдзєрєн», «Лєг єви ус?», «Саг ємє уызын», «Ру- вас ємє зыгъарєг», «Марходарєг», «Булкъ ємє мыд», «Арс ємє бирєгъ», «Єрра фиййау» — ацы уацмыстє арєзт сты иу- уылдєр фольклоры єрмєгыл. Нє иннє фысджытєй дєр бирє сє ахъаззагдєр уацмыстє сарєзтой фольклоры бындурыл. Гєдиаты Секъа — «Чермен», «Арагвийы Ерыстау єлдар» ємє єндєртє; Къубалты Алык- сандр — «Єфхєрдты Хєсанє»; Брытъиаты Елбыздыхъо — «Амыран»; Малиты Георги — «Хъодагєсы фырт мєгуыр Мєхє- мєт» ємє єндєртє; Чермен (Беджызаты) — «Мєсгуытє дзу- рынц»; Хъуылаты Созырыхъо — «Тотырадзы зарєг» ємє єн- дєртє. Нє фольклоры єнєнымєц хєзнатє, сыгъзєрин єрзєтау» пє фысджыты раз калдєй лєууынц... ємє ма нын дзы равдис- дзысты бирє цєхєркалгє поэтикон фєрдгуытє. (Абайты Вассо)
ВАЗЫГДЖЬШ ХЪУЫДЫЙАДЫ СИНТАКСИС XI. РАЦЫД ЄРМЄГ ЗЄРДЫЛ ЄРЛЄУУЫН КЄНЫН Єркєсут чипыджы райдайєны, дзырдбасты хуызтє ємє хъуыдыйады сєйраг уєнгтєй цы ахуыр кодтат, уыдонмє ємє сєххєст кєиут дєлдєр уєвєг фєлтєрєнтє. 144 ФЄЛТЄРЄН. Сбєрєг кєнут ацы дзырдбасты ємє хъуыдыйєдты ¦бабєтгє ємє домгє бастдзинєдты хуызтє. 1. Сєтти ємє Бєтти. 2. Хур бои. 3. Къуыри авд боны. 4. Дєс азы. 5. Иу хєдтєхєг. 6. Цалдєр тракторы. 7. Євналы чиныгмє. 8. Бирєгъы бал фєсуры саджы. 9. Каесы донмє. 10. Єицайы стъолыл. 11. Тедо ємє Симон. 12. Єгасцєуай, цъєх бирєгъ. 145 ФЄЛТЄРЄН. Раиртасут ацы хъуыдыйєдты дыгай сєйраг уєнгти- мє ємє иугай сєйраг уєнгтимє хъуыдыйєдты. 1. Фыццаг майы демонстраци Цхинвалы горєты фєзы. 2. Єгас цєуєд дунейы фєллонгєнджыты бєрєгбон Фыццаг май. 3. Космосмє фыццаг хатт стахт советон космонавт Юрий Гагарин. 4. Хъелы цад ємє Цъоиы цад сты хєххои цєдтє. 5. Арсы хъуыны мєлдзыг. 6. Фєрнджыи у. 7. Карк, хъаз, гогыз ємє бабыз сты хєдзарон єнєтєхгє мэергътє. 8. Спортивон скъолайы амонынц хъєбысєй хєцын, бокс, гимнастикє ємє алы хъєзтытє. 3. Бырсы ємє иєры уынгєг комы Урсдон. 10. Хуриыгуылды фєстє уайтагъд єрталынг. § 52. Вазыгджын хъуыдыйад. Ныхасы мидєг арєх єххєст хъуыды фєзєгъыиц иу хуымє- тєг хъуыдыйадєй иє, фєлє цалдєр хуымєтєг хъуыдыйады сбасты фєрцы. Дыуує к&нє фылдєр хуымєтєг хъуыдыйадєй арєзт хъуы- дыйад хонынц вазыгджын хъуыдыйад. Вазыгджын хъуыдыйады аразєг хєйттєй ис хицєи хуымє- тєг хъуыдыйєдтє саразєн. Цєвиттон: Хур єркаст, ємє фєн- дєгтє асур сты. Ацы вазыгджын хъуыдыйадєй ис дыуує хуы- . мєтєг хъуыдыйады саразєн афтє: Хур єркаст. Фєндєгтє асур сты. §3
Дыуує хъуыдыйады баст єрцыдысты бєттєг ємє-иы руа- джы. Фєлє ис ахєм вазыгджын хъуыдыйєдтє дєр, хуымєтєг’ хъуыдыйєдтє баст кєм єрцєуынц єнє бєттєгтєй, єрмєст ин- тонацийє. Цєвиттонтє: Иу миниуєг уыдис Мысостмє: мєгуыры сє- рыл йєхи мєлєтмє радтаид. (Цомахъ) Къалати сыгъзєрин уєд, — ахєстон єй хонын. (Къоста) Ацы вазыгджын хъуыдыйєдты фыццаг хуымєтєг хъувды- йєдтєй дыккєгты єхсєн ис ахєм интонаци, ємє зын базонєн нє вєййы, уыцы интонацийы фєстє ма кєй уыдзєн хъуыдыйад, Фысгєйє ахєм иитонаци нысангонд цєуы кєнє къєдзыгєй, кєнє тирейє кєнє дыстъєлфєй. Хуымєтєг хъуыдыйєдтє єнє бєттєгтєй ємє єнєбєттєг дзырдтєй цы вазыгджын хъуыдыйад аразынц, уый хонынц єнє- бєттєг вазыгджын хъуыдыйад. 146 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут фыццаг хуымєтєг хъуыдыйєдтє, стєй та вазыгджын ємє бахахх кєнут сєйрєттє ємє зєгъинєгты бын. Єхсєв єлдар єфсадхон арвыста ємє Хады комєй єфсєд- тє єрємбьфд кодта. Дыккаг бон Хъуды комы, Епатойы фєзы, єрєнцади. Хъуды комы хєцєг адєм дєр Фидары дзуары мєсыджы бацыдысты ємє хєцын райдыдтой. Єлдар йє урс бєхыл йе ’фсєдты астєу ратєх-батєх кодта. Мєсыджы сєрєй Дзанайты Тохти фехста, ємє єлдары урс бєх асхъиудта. Єл- дар ноджыдєр єфсадхон арвыста Хады коммє ємє та єфсєд. тє єрбакодта. Єртыккаг бон бєстє гєрах ємє цєхєр сси. Хъуды комыл арт бафтыдта, басыгъта, никуыуал иицы ныууагъта. Хєцєг адєм хєхты фидєрттєм сєхи айстой. Устытє ємє сывєллєт- тє хєдзєртты баззадысты, уый тыххєй ємє сылтєн ємє сы- вєллєттєн къєдзєхтыл цєуєн нє уыдис, стєй хєст дєр євип- пайды єрцыди, адєм сєхи сцєттє кєнын нє бафєрєзтой. (Се- къа). Фнппаина г. Вазыгджыи хъуыдыйад ємє хуымєтєг даргъ хъуы- дыйады кєрєдзийє хатын хъєуы. Равзарєм цєвиттонтє: Зауырбег бады ємє фысси уацхъуыд. Зауырбег бады ємє фыссы уацхъуыд. Ам иу сєйратєн ис дыуує зєгъинаджы; ома ацы хъуыдыйад у иу хуымє- тєг даргъ хъуыдыйад ємхуызон уєнгтимє. 94
Зауырбег уацхъуыд фыссы, Муссє та чиныджы кєсы. Зауырбег уацхъуыд фыссы, Муссє та чиныджы кєсы. Ам та ис дыуує сєйраты ємє уыдонєй алкємєн дєр ис йєхи зєгъинаг- Алы сєйрат дєр йєхи зєгъинагимє у хуымєтєг хъуыдыйад. Дыуує хуымє- тєг хъуыдыйады кєрєдзиимє баст сты бєттєг га-йє ємє сє рєзы вазыг- джын хъуыдыйад. Зауырбег уацхъуыд куы фыста, уєд Муссє та чиныджы каст. уу ф ф Зауырбег уацхъуыд куы фыста, уєд Муссє та чиныджы каст. Ам дыуує хуымєтєг хъуыдыйады баст сты бєттєгтєй куы— уєд; ємє єппєт хъуыдыйад у вазыгджын хъудыйад. Нинє ємє Бола фыссынц Ацы хъуыдыйады ис иунєг зєгъинаг дыуує сєйратимє баст; ємє єн- пєт хъуыдыйад у хуымєтєг хъуыдыйад ємхуызон уєнгтимє. Алы сєйра- тєн дзы йєхи зєгъинаг нєй. 95
I— 1 V т у т Нинє ємє Бола бадынц ємє фыссынц Ацы хъуыдыйады алы сєйратєн йєхи зєгъииаг нєй, фєлє дыуує сєй- ратєн ис дыуує иумєйаг зєгъииаджы. Хъуыдыйады нс ємхуызон уєнгтє, дыуує сєйраты ємє дыуує зєгъинаджы, ома хъуыдыйад вазыгджын иєу, фєлє хуымєтєг хъуыдыйад ємхуызон уєнгтимє. 147 ФЄЛТЄРЄН. Саразут. сєйраты ємє зєгъиплджы бастдзинад чи євдисы, ахєм схемєтє, ємє равзарут, вазыгджыи хъуыдынєдтє дзы ка*цы- тє сты, уыдои. 1. Пионертє ємє фєскомцєдисонтє фєцєуынц. 2. Пио- нертє рувыиц, фєскомцєдисонтє та садзынц бєлєстє. 3. За- мирє зоны уырыссаг ємє гуырдзиаг євзаг. 4. Мисурєт уы- рыссагау дзєбєх дзуры, Надо та гуырдзиагау. 5. Волгє ємє Терек Каспы деиджызмє кєлыиц. 6. Єрыдоны дои Тсркмє кєлы, Леуахи та Къуармє. 148 ФЄЛТЄРЄИ. Рафыссут фыццаг хуымєтєг хъуыдыйєдтє, стєи та вазыгджынтє. 1935 азы сєрды, Едысы уєвгєйє, мєхєдєг дєр євдисєц фєдєи иу хъуыддагєн. Калакєй Хуссар Ирыстонмє єрцыд иу ахуырадон экспедици. Иє хєс уыди, тарниз-туберкулез адєм- мє кєм куыд ємхиц у, уый сбєрєг кєнып. Сє фєлварєн куыс- тытє кодтой Дзауы, Уаиелы, Ручъы ємє Едысы. Мєн дєр бамбал кодтой семє тєлмацгєнєгєн. Хъєуы цєрджытєй, суанг дзидзидай сывєллоны онг, алкємєн дєр йє цоигыл скодтой пиркэ, — тарииз кємє куыд ємхиц у, уый бєрєг кєныны тых- хєй дзуарєфтыды хуызєи. Дыккаг бон та разылдысты, пиркэ кєуыл бафтыдтой, уыдоиыл. Едысєгтєй йє царды фылдєр аз- тє єидєр бєстєты чи арвыста, уыдоиєи сє пиркэ-єфтыды алы- фарс фєсырхгонд. Фєлє йє чысылєй фєстємє Едысы чи цє- ры, ахємтєй иунєгєн дєр єппындєр .иє фєбєрєг. Эксиеди- цийы раздзог профессор Соколов єрымбырд кодта хъєууон адємы иыхасмє ємє радзырдта: «Ацы хъуыддаджы фєдыл єз экспедициты уыдтєн Азербайджаны, Сомихы, Гуырдзыстоны алы къуымты ємє фєстагмє Хуссар Ирыстоны дєр. Нє экспе- дици куыд сбєрєг кодта, афтємєй Едыс у иунєг ахєм бєс- тє ємє туберкулез кєм нєй. Ацы рам аккаг у махєи курорт саразыи, ємє йє ахадындзинад канд єппєт Цєдисєн иє, фє- лє єппєт дуиейєн кємєн уа». (Дзесты К.). 96
149 ФЄЛТЄРЄН. Ссарут ємє рафыссут вазыгджын хъуыдыйєдтє, Ирон героикон зарджытє євдисынц царды єцєгдзинад, •сєрибарыл тохы истори, ирон адємы єрвылбоны цард, сє зондахаст, сє хъуыдытє, сє бєллицтє. Ирон адєм бирє уарзынц сє героикон зарджытє, фехъу- сєн сын ис Ирыстоны алы къуымты дєр, куысты рєстєджы дєр ємє фєлладуадзєны рєстєджы дєр, куывдты ємє чын- дзєхсєвты. Героикон зарджыты хъомыладон ахадындзинад у тынг стыр. Тлаттаты Чермены, Кодзырты Таймуразы, Дриаты Ан- тъоиы фєлгонцтє разєигард кодтой Ирыстоны хъєбулты єнємєлгє хъєбатырдзинєдтєм Фыдыбєстєйы хєсты рєстє- джы. Уымє гєсгє зарынц абон Ирыстоны Хъалєгаты фондз єфсымєры зарєг, Єхсараты Энверы зарєг, Ботъоты Гємєты ємє йє хъєбатырдзинадєй Ирєн ном чи скодта, йє риуыгуы- дырєй знаджы бырст чи баурєдта, єндєр ахємты зарджытє. (Габысаты А.). § 53. Бабєтгєвазыгджын ємє домгєвазыгджын хъуыдыйєдтє. Вазыгджын хъуыдыйєдтє вєййынц дыуує хуызы: бабєт- гєвазыгджын хъуыдыйєдтє ємє домгєвазыгджын хъуыды- йєдтє. Хуымєтєг хъуыдыйєдтєй вазыгджын хъуыдыйад сырєзы иу кєныны ємє дєлбар кєныны руаджы. Вазыгджын хъуыдыйад саразыны фыццаг амал у сєрма- гонд, ємбар хуымєтєг хъуыдыйєдтє сиу кєнын. Райсєм ахєм дыуує хуымєтєг хъуыдыйады: Дзєнгєрєг ныццагъта. Урок райдыдта. Дыуує хъуыдыйадєй алкєцы дєр амоны иу єххєст хъуы- ды ємє сє алкєцы дєр у сєрмагонд. Адонєй ис саразєн ва- зыгджын хъуыдыйад бєттєг ємє -йы руаджы афтє: Дзєн- гєрєг ныццагъта, ємє урок райдыдта. Райсєм ма дыуує ахєм хуымєтєг хъуыдыйады: Ахуыргє- нєг фєрсы. Ахуыргєнинєгтє дзуапп дєттынц. Ацы дыуує хъуыдыйадєй дєр ис саразєн вазыгджын хъуыдыйад бєттєг та-йы руаджы афтє: Ахуыргєнєг фєрсы, ахуыргєнинєгтє та дзуапп дєттынц. Сєрмагонд, ємсєр хъуыдыйєдтєй цы вазыгджын хъуы- дыйад арєзт у, уый хонынц бабєтгєвазыгджын хъуыдыйад. Бабєтгєвазыгджын хъуыдыйад кємєй рєзы, уыцы хуымє- тєг хъуыдыйєдтє кєрєдзийы нє бєрєг кєнынц, нє єххєст кєнынц, нє ємбарын кєнынц, ємє уымєн сєрмагонд сты. 7. Бязырты А. 97
Вазыгджын хъуыдыйєдтє аразыны дыккаг амал у иу хуы- мєтєг хъуыдыйад иннє хуымєтєг хъуыдыйады дєлбар бакє- нын бєттєгты ємє бєттєг дзырдты єххуысєй, стєм хатт та єнє уыдон. Райсєм цєвиттоиєн ахєм хъуыдыйєдтє: Хур єркаст. Фєндєгтє асур сты. Сбєттєм сє куы ємсе уєд -ы руаджы афтє: Хур куы єр- каст, уєд фєндєгтє асур сты. Ацы вазыгджын хъуыдыйады фыццаг хуымєтєг хъуыды- йад хур куы єркаст ємбарын кєны, фєндєгтє кєд асуг> сты, уый ємє домы фарст— кєд асур сты фєндєгтє? ома ємбарын кєны дзырд уєд. Райсєм та дыуує ахєм хъуыдыйады: Єз скъолайы ахуыр* кєнын. Скъолайы дисциплинє хорз у? Сбєттєм сє цы ємє уыцы -ый руаджы афтє: Єз цы скъолайы ахуыр кєнын, уыцы скъолайы дисципли- нє хорз у. Ам дєр фыццаг хуымєтєг хъуыдыйад. Єз цы скъолайы ахуыр кєнын ємбарын кєны дзырд уыцы-йы ємє амоны, кєцы скъолайы дисциплинє у хорз, уый, ємє домы ахєм фарст: Кєцы скъолайы у дисциплинє хорз? Куыд уынєм, афтємєй дыуує вазыгджын хъуыдыйады дєр хуымєтєг хъуыдыйєдтєй иутє ємбарын кєнынц* кєнє бєрєг кєнынц иннє хуымєтєг хъуыдыйєдты уєнгтєй искє- цыйы. Ома мє хуымєтєг хъуыдыйєдтєй иутє сты сєрматонд,. иннєтє та єрмєст уьщы сєрмагонд хъуыдыйєдты уєнгтєй искєцыйы ємбарын кєиынц; єндєр сын ницы нысаниуєг ис, ємє сєрмагонд уымєн не сты. Вазыгджын хъуыдыйады мидєг иу хуымєтєг хъуыдыйад куы ємбарын кєна кєнє куы єххєст кєна иннє хуымєтєг хъуыдыйады уєнгтєй искєцыйы, уєд ахєм вазыгджын хъуы- дыйады хонынц домгєвазыгджын. Бабєтгєвазыгджын хъуыдыйадєй домгєвазыгджыгг хъуы- дыйады практикои єгъдауєй уымєй раиртасєн дєр ис, ємє домгєвазыгджын хъуыдыйады аразєг хуымєтєг хъуыдыйєд- тєй иуєй фєрсгє бакєпдзыстєм, иииє та йыи дзуапп дєтдзєм. Цєвиттонєн райсєм дыуує єнгєс хъуыдынады: Тыхджын къєвда рацыд, ємє дєттє раивылдысты. Тыхджын къєвда куы рацыду уєд дєттє раивылдысты. Дыккаг цєвиттоны ис гєнєн, иу хъуыдыйадєй бафєрсєм ємє йын иннє дзуаппєн уа: Кєд раивылдысты дєттє? — тыхджын къєвда куы рацыд... Ам иу хъуыдыйад ємбарын кєны иннєйы дзырдтєй иуы (уєд). Фєлє фыццаг хъуыды- йады афтє бафєрсын нє фидауы. 150 ФЄЛТЄРЄН. Бацамонут тексты бабєтгєвазыгджын ємє домгє- вазыгджын хъуыдыйєдтє. 98
Арв хурыскєсєнырдыгєй чысыл хъулєттє кєнын райдыд- та, афтє тар хъєды фєсвєндагмє баздєхти иу лєг ємє стыр бєласы рєбын єрымбєхсти. Бады уым... Арвы хъулєттє арєх- дєр кєнын байдыдтой. Мєргътє бєлєсты сыфтєрты хъал кє- нын байдыдтой, алырдыгєй чысылгай сє цъиу-цъиу хъуыстис. Уалынмє хъєд иууылдєр байдзаг ис зард ємє єхситтєй. Бирє хєттыты уыди Саукуыдз хъєды, фєлє йєм нырєй рєсугъддєр дуне никуы фєкастис. Хъуыста мєргъты зардмє; фєлгєсыди: арвы хъулєттє фылдєрєй-фылдєр куыд кодтой, єврєгътє хурыскєсєнырдыгєй сє хуыз куыд раив-баив кодтой... «Цєй хорз у дуиейы цард!» — уайтагвд та-иу сдзырдта хинымєр. Сыс- тади, иуырдєм, иннєрдєм акъахдзєфтє кодта. Иє зєрдє афтє рухс уыди, афтє дзаг уыди циидзииадєй, ємє хъавыди мєргъ- ты зардыл йєхи зард бафтауын. (А р с е и) 151 ФЄЛТЄРЄН. Саразут хуымєтєг хъуыдыйєдтєй бабєтгєвазыг- джын ємє домгєвазыгджын хъуыдыйєдтє. 1. Арв нєры. Нє цєвы. 2. Уалдзєг єрцыд. Хєхтє цъєх адардтой. 3. Лектор бакаст лекци плаиетє Марсы тыххєй. Адєм єм єдзынєг хъуыстой. 4. Нє командє районы скъолаты спартакиадєйы хайад райста. Гимнастикєйє фыццаг бынат ба- цахста. 5. Зєронд ус дзаг автобусмє бахызт. Євзоиг чызг сыс- тад ємє йын йє бынат радта. 6. Хємєт фєрьшчын. Йе ’мбєлт- тє йьш єххуыс кодтой уроктє цєттє кєныны. 7. Географи у наукє. Ахуыр кєны дунейы бєстєты. 8. Кавказы хєхтєн бєр- зонддєртє сты Эльбрус ємє Хъазбеджы хох. Эльбрусы бєр- зєнд у 5633 метры. Хъазбеджы хохы бєрзєид у 5047 метры. 9. Чысылєй дєхи кусыныл фєлтєр. Стырєй дьш єнцондєр уы- дзєн. 10. Кусгє :нє кєны. Кзейдєр фєллой хєры. 152 ФЄЛТЄРЄИ. Рафыссут ацы хъуыдыйєдты дыуує къордєй. Иуы бабєтгєвазыгджыи- хъуыдыйєдтє, иннєиы домгєвазыгджьш хъуыдьпЪрдтє. Бацамоиут, цавєр бєттєгтєй баст сты. 1. Чи цал євзаджы зоиы, уый уал лєджы у. (Ємбисонд) 2. Зєронддзинады аххос чи бєрєг кодта, уыцы ахуыргєндтє сбєлвырд кодтой, иу магуса дєр кєй нє фєцард зєронды бонмє. («Фидиуєг») 3. Тигр уыцы дзырдтє куы фехъуыста, уєд йєхи ныццавта маймулийыл. (Аргъау) 4. Дзырд єрєф- тыдта Аслан, ємє Дзамболат мєстєй адєнгєл. (Джиоты Д.) 5. Тохы хъєр фехъуысти сагъєссаг хъєутєм, адємы зєр дє- тє ризынц йє хъєрмє. (Цомахъ) 6. Ды цы амондджын фєн- дагыл рацыдтє, уый мах нє ферох кєндзыстєм. (Га зетєй) 7. Хъуыддаг єз сараздзынєн, фєлє мын ды бахху;_лс кєн. (Аргъау) 8. Саулєг куы фєци зарєджы фыццаг ныхгєстє, уєд Зураб фєуєидондєр. (Джусойты Н.) 9. Ходы ть\нг бирє ис зєхх, фєлє адєм уєддєр сє тыхєй архайынц. (Гс^зетєй) 99
БАБЄТГЄВАЗЫГДЖЫН ХЪУЫДЫЙАД § 54. Бєттєгтє бабєтгєвазыгджын хъуыдыйады. Бабєтгєвазыгджын хъуыдыйады мидєг хуымєтєг хъуы- дыйєдтє баст вєййынц иугєнєг, ныхмєвєрды ємє дихон бєт- тєгтєй. 1. Хуымєтєг хъуыдыйєдты цєуыл дзырдєуы, уыцы фє- зындтє иу афон кєцє кєрєдзийы фєщыл куы цєуой, уєд ахєм хъуыдыйєдтє баст цєуынц иугєнєг бєттєгтєй: семсе, нсе- нсе, стєй, дсер. Цєвиттонтє: Ноджы йыл бафтыдтой сєфты уарийы, семсе йын уый йє игєр єдзух хєры. (Таурєгъ) Ничи ма райхъал хъєуєй, семсе бєстє у єнцад ємє сабыр, єдзєрєгау. (Дєбе) Нсе мєхєдєг єййафын єлдары єфхєрд, нсе мє сывєллєттєн у тас єлдары єфхєрдєй. 2. Сє хъуыдытє кєрєдзийы ныхмє кємєн сты, ахєм хуымєтєг хъуыдыйєдтє вазыгджын хъуыдыйады мидєг баст вєййынц ныхмєвєрды бєттєгтєй: фселсе, та, афтсемсей (фєлє),уседдсер (фєлє). Цєвиттонтє: Єрлєууыд зымєджы карздєр мєй январь, фселсе ма уєддєр цалдєр боны хъарм ахаста. Цуанон лєг мєрдтєм хєстєгдєр цєры, йє мард та уєлмєрдтєм нє хєццє кєны. (Къоста) Хур аныгуылд фєсрагъ, афтсемєй ма рухс уыди. 3. Кєрєдзийы ивєг фєзындтыл цы хуымєтєг хъуыдыйєд- ты дзырдєуы, уыдон та вазыгджын хъуыдыйады баст цєуынц дихон бєттєгтєй: ксенсе, куы, йе. Цєвиттонтє: Изєрдалынджы куы бєлєсты сыбар-сыбур ссєуы, куы хєфсыты уаст дардєй єрбайхъуысы. Ксенсе фєл- лайгє бакодта, ксенсе дзы исты риссы. Ксенсе йє єрсабыр кєн, кєнє єз ардыгєй цєуын. Бабєтгєвазыгджын хъуыдыйады мидєг хуымєтєг хъуы- дыйєдтє кєрєдзийє ахицєн кєнынц къєдзыгєй. Къєдзыг фєлєууы бєттєджы размє. Сєууон хур скаст, ємє Хъазбеджы хохы цъупп дардмє урс- урсидєй єрттывта. 153 ФЄЛТЄРЄН. Равзарут бабєтгєвазыгджын хъуыдыйєдтє ємє хуым^тєг даргъ хъуыдыйєдты сконд. 1. Оау мигътє ацыдысты, хур ракаст, ємє адємы зєрдє- тє барухч^ сты. 2. Ахуыргєнєг єрбацыд, ємє урок райдыдта. 3. Євиппа^Ды тєрккъєвда ныккалдта, фєлє мах иу стыр бє- ласы бынмєл баирвєзтыстєм. 4. Ацы хєс дєр сєххєст хъєуы, науєд нє брктгады къухєй Сырх тырыса аирвєздзєн. 5. Нє 100
лагеры уыдысты єрмєст пионертє ємє хъомылгєнджытєг, 6. Гуыцыри чысыл у, фєлє тыхджын. 7. Къулы газеты нывт»’ сымахєй чи сараздзєн, ды єви Джерихан? 154 ФЄЛТЄРЄН. Ныффыссут, хуымєтєг хъуыдыйєдгє алы бєттєг-- тєй баст кєм уой, иу-цалдєр ахєм бабєтгєвазыгджын хъуыдыйады. 155 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы хъуыдыйєдты. Бацамонут, цавєр бєт- тєгтєй баст сты хуымєтєг хъуыдыйєдтє кєрєдзиимє: Бахахх кєнут бєт^ тєгты бын. 1. Фєцєуы єлдар фєсфєдты, ємє иу ранєй тєрхъус фє~- гєпп кодта. (Аргъау) 2. Бомбєтє хєлдысты, ємє доны цъєх цєджындзтє бєрзонд цыдысты. (М. Шолохов) 3. Хур фєцєй- ныгуылдис, ємє Гитеса арасти хъомгєстєм. 4. Гуди аивєй йєхи фєцєйсайдта адєммє, фєлє йє Косер ауыдта. (Джи- миты Г). 3. Залинєйы уадулты сырх фєцєйцыд, фєлє та йын сєм ногєй туг єркалд. (Цоциты Р.) 6. Тему ємє Зали кє- рєдзийєн салам радтой, ємє Зали йє фєндагыл атындзыдта. (Нига) 7. Кєрты дзаг уєрдоны салд цєлхыты хъєр фєцыд, ємє Дасхан єддємє рауад йє лєппу Бутузы размє. (Дєбё) 8. Рагєй цєттє кодта Миллер йє дзырдуат, фєлє йын йє уды- гасєй нє бантыст чииыг мыхуыры рауадзын. («Фидиуєг») 10. Арв уыдис ирд, бєстє та євзистау єрттывта. (Плиты И.) 156 ФЄЛТЄРЄН. Ацы фєлтєрєнєй рафыссут бабєтгєвазыгджын хъуыдыйєдтє. Бацамонут, цєй руаджы баст сты хуымєтєг хъуыдыйєдтє. 1. Мєнєн дєр уыд євзонгєй мад, фєлє йын єз нє зонын йє ад. (Кавказаг) 2. Згъорынц бонтє, тайы мєй, цєуы сындєг- гай аз. (Гафез) 3. Дуар фегом, єм.є кабинетмє бацыд євзонг сылгоймаг. (Белиашвили А.) 4. Садуллє Иликъойы мєстыйє єддємє рахизгє куы федта, уєд йє зєрдє фырмєстєй ныттып- ныр. (Джиоты Д.) 5. Цєвєг ферттивы фєтєны євзистау,, хосдзау райдайдзєн зарын ныр. (Джусойты Н.) 6. Сєрды- гон єхсєв у, фєлє мєй абон дєр йє уазал денджызы найы ду- нейы. («Фидиуєг») 7. Адємы ’хсєн цард ємхуызон уєрст куыд. нєу, Гємси, афтє єууєнк ємє єгъдауєй дєр ємхуызон не сты.. (Бязырты Д.) 8. Адєймаг истєуыл тыхст куы уа, уєд йє сєры дєр иудадзыг тыхст хъуыдытє гуыры. (Гаглойты В.) 9. Чи атє- хы хєдтєхєгыл, уый йє зоны, куыд єхцон вєййы зєрдєйєн. (Газетєй) 10. Цы мєргътє атєхы хъарм бєстєм, уьгдон се ’ппєт нє сємбєлынц бынатыл; фєндагыл дзы бирє фесєфьь (Дєбе) § 55. Єнєбєттєг бабєтгєвазыгджын хъуыдыйад. Бабєтгєвазыгджын хъуыдыйады аразєг хуымєтєг хъуьг- дыйєдтє арєх єрцєуыиц баст єнє бєттєгтєй дєр, ємє уєд єрхєцєн иысєнттє єрєвєрынц, хъуыдыйады цєуыл дзырдє- уа, уымє гєсгє. 101
Бєттєгтє кєм нєй, ахєм бабєтгєвазыгджыи хъуыдыйа- Ды хатгай фєдзырдєуы йу рєстєджы кєнє кєрєдзийы фєс- тє цєуєг фєзындтыл, ємє уєд хуымєтєг хъуыдыйєдтє ахи- цєн кєныиц къєдзыгєй. Цєвиттонтє: Ханбечыр рудзынгєй єрбазынд, Сєниат єй нє уыны. Дзєнгєрєг ныццагъта, гуымєг ныууасыд, поезд сындєг араст. Кєд ємє хъуыдыйєдтє єгєр даргъ уой, уєлдайдєр ма сє къєдзыгтє куы уа, уєд та сє ахицєц кєнынц стъєлф ємє къєдзыгєй. Цєвиттонтє: Абон дунемє бєрзондєй цъити ирд цєстєй кєсы; абон ху- ры рухс уєлвонгєй комы нарджытєм бырсы. (Цомахъ) Хъєды хуылыдз зєххєй цыди єнєниз, хъєддых тєф; зил- дух кодта мє алыварс сыгъдєг, рог уєлдєф. (И. Тургенев) Єиєбєттєг вазыгджын хъуыдыйады цы хуымєтєг хъуы- дыйєдтє ис, уыдоны ныхмєвєрд фєзындты кой куы уа, уєд се ’хсєн євєрынц тире. Бєрзонд стєхы арвмє уари — нылвасы зєхмє калм йєхи. (Горький) 157 ФЄЛТЄРЄН. Равзарут єнєбєттєг бабєтгєвазыгджын хъуыды- йєдтє. Хур адард, бєлєсты сыфтєртє єраезгъєлдысты, зымєг йє урс кєрц хєхтыл єрємбєрзта, доны былыл их фєхєцыди, мєргътє хъарм бєстєм атахтысты. Джиуєргуыба єрцыди, адємы зєрдє бєркад, хєрд, шзтєй схъєлдзєг; физонджыты тєфєй лєджы зєрдє рухс кодта. Айссє бонєй-бон мєллєгдєр кєнын байдыдта, кєрдзын нал хордта, єдзух кєуынєй не ’нцади. Иу къуырийы фєстє Айссєйыл єррайы бєрджытє фє. зыиди: Ахмєты кард-иу сбаста ємє-иу уынгты рацу-бацу код- та хъєргєнгє: ...«Ахмєты чи амардта! Ахмєты чи амардта!» (Иє лєг Ахмєты йын єлдары чапартє амардтой). Раст иог- бон єхсєв Айссє дзєгъєл ацыди, ємє йє Урсдоны сєрмє би- рєгътє бахордтой. Афтє кодтой уыцы рєстєджы хицєуттє ємє барджынтє. (С е к ъ а) 158 ФЄЛТЄРЄН. Ацы хъуыдыйєдты бастдзинад базонут. Єрывєрут яыхты єнємєнгхъєуєг бєттєгтє. Хуызєг: Фєцєуы єгєрон быдыртєм нє фєндаг, (ємє) у райдзаст сєрдыгон фєндаг дардыл, фєтєи! 1. Фєцєуы єгєрон быдыртєм нє фєндаг у райдзаст сєр- дыгон фєндаг дардыл, фєтєн! (А. Сурков) 2. Азтє фєд-фєдыл фєцєуынц, хъєлдзєгмє ивєм нє дуг. (Зєгъойты С) 3. Уайы 1-02
зарєг, хъєлєс ризы, ниуы. (Джусойты Н.) 4. Петкє йєхи ’рым- баргєйє, адугъ кодта тар бынатмє, йє фєдыл фєцыди топпы гєрєхтє (М. Шолохов). 5. Хохаг фыййєуттє сє фос быдырєй фєцєйскъєрдтой, сє куыдз Мила фєдзєгъєл ємє махмє єр- бацыд: («Фидиуєг») 6. Хур судзы, уырыдзы хєрынєн бєззы. 7. Басабыр єрдз дєр, ныхъус и, адєм фєлладєй хуыссынц. (Плиты X.) 8. Кулдуары хъыррыст фєцыд, лєппу фєзынд стыр лєдзєгимє. (А. Пушкин) 9. Фєцыд топпы гєрєхтє, єрызгъєлд сыджыт. (Аргъау) 10. Лєг фестад. Къулєй райста фанар, ссыгъ- та йє ємє ацыд. (Дзесты К.) 11. Ды, мадау, бауарзтай иє бє- стє, фєцыдтє мєгуыртєн фыййау. (Къоста) 12. Дзаххо йє род скъєты дуарєй басырдта, йєхєдєг сугты хъєбыс ахаста хє- дзармє. (Хъайтыхъты Г.) 13. Афонтє цыдысты, рєстєг хатти. (Секъа) 14. Хъоло дуды — нысыра судзы. (Ємбисонд) 159 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут тскстєб єиєбєттєг вазыгджын хъуы- дыйадає. 1. Дзыхєн иал хауы хъєлдзєг ныхас, зєрдєйыл ныффєл- дєхт цавєрдєр уєззау дур. (Бекъойты Е.) 2. Хур фєцєйцыдн фєсхохмє, хъєдєй уасын байдыдтой алыхуызои цъиутє (Фєр- нион) 3. Азау кєрдзыны мур йє дзыхы бакодта, фєлє йе ’фсєр- тє ныууадысты. (Секъа) 4. Єрзєбул сты зад цупєлттє, фыр- рєгъєдєй дзыхы тайынц. (Цомахъ) 5. Чидєр дзырд ныххаста хьєуы хицаумє, ємє сєм уый схєццє єд сгражниктє. (Фєр- нион) 6. Аслєнбег мє ныхмє цыдєр сдзурынмє хъавыди, фєлє йын Зєлда йє дзых ахгєдта. (Арсен) 7. Мєргътє зарынц єйт- тєй, дзывылдар єртахт. (Хъороты Хъ). 8. Ам дзы кондад домы тых, уый та гомєй дары дзых. (Епхиты Т.) 9. Бухъхъытє самад- той хортє, дарынц сє дзыхтє хєрдмє, цины сты абон мыдхор- тє, уайдзысты райсом мыдмє. (Фєрнион) 10. Згъорынц бонтє, тайы мєй, цєуы сындєггай аз. (Гафез) ДОМГЄВАЗЫГДЖЫН ХЪУЫДЫИЄДТЄ § 56. Сєйраг ємє уєлємхєст хъуыдыйєдтє. Домгаввазыгджыи хъуыдыйады аразєг хуымєтєг хъуы- дыйєдтє вєййынц сєйраг ємє уєлємхєст хъуыдыйєдтє. Сєрмагонд цы хуымєтєг хъуыдыйад у, йє уєнгтє кємєн ємбарын кєнє єххєст чындєуы, уый хонынц сжйраг хъуы- дыйад. Сєйраг хъуыдыйады уєнтты цы хуымєтєг хъуыдыйад фе- мбарын кєНы, уый та хонынц уєлємхєст хъуыдыйад. Цєвиттон. Йє рєдыдыл чи нє сєтты, уый дыккаг хатт рєдийы. Фыццаг хъуыдыйад -ємбаръш кєны дыккаг хъуыдыйады уєнг — уый. Чи рєдийы дыккаг хатт? — Йє рєдыдыл чи нє 103
сєтты, уый. Фыццаг хъуыдыйад у уєлємхєст хъуыдыйад, дык- каг та — сєйраг хъуыдыйад. Хорз чи куса, кад дєр уымєн кєнынц. Кємєн кєнынц кад? — Хорз чи куса, уымєн. Фыццаг хъ’уыдыйад ємбарын кєны уєнг — уымєн ємє- у уєлємхєст хъуыдыйад сєйраг хъуыдыйадєн. 160 ФЄЛТЄРЄН. Ссарут домгєвазыгджын хъуыдыйєдтє ємє сє ра- иртасут сєйраг ємє уєлємхєст хъуыдыйєдтє. Зын ссарєн уыдис ахєм хєххон куыст, кєцымє :нє са- рєхстаид Залдуз. Хос карста, хуымтєм фаджыс хаста, хъє- дєй-иу суг дєр єрдавта. Цалынмє йыл цыппєрдєс азы нє ра- цыд, уєдмє-иу фиййау дєр цыдис. Кєрдзын кєнын, хуыйын зыдта, алдымбыдтє быдта. Астєубєстє уафын, хъуымбылтє кєнын, тын уафын ємє єндєр ахєм куыстытє даер Залдузєй хуыздєр ничи базыдтаид. (Д є б е) 161 ФЄЛТЄРЄН. Саразут домгєвазыгджын хъуыдыйєдтє мєиє ахєм дзырдты руаджы куы-уєд, цы-уыцы, кєд-уєд, цы-ахєм, уымєи- цємєй. X у ы з є г: Колхоз хортє байуєрста. Мєн фєци сєдє путы мєнєу. Колхоз хортє куы байуєрстє, уєд мєн фєци сєдє пу- ты мєнєу. 162 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут фєлтєрєн. Бахахх кєнут сєйраг хъуы- дыйєдты бын. 1. Раст хур єрцєйныгуылд, афтє єлдары раз балєууыды- сты минєвєрттє. (Секъа) 2. Сихорафонєй ахызтис, афтє Зинє атындзыдта, бєлццєттє кєм фенхъєлмє кєсынц, уырдєм (Ни- га) 3. Бон йє кєронмє куы ахєццє, уєд байгом митинг. (Га- зетєй) 4. Зауырбег бамбєрста, йє дзырд Зєлдайы зєрдємє- кєй фєцыд, уый. (Секъа) 5. Адєм, сє кєрєдзийы дзыхєй ны- хас истой, афтємєй цєуылдєр дзырдтой. (Дзесты К.) 6. Євзєр кєй хонай єдзух, уый євзєр вєййы. («Фидиуєе») 7. Арв куыд нєры, афтє нє цєвы. (Ємбисонд) 8. Єз цы чиныг бакастєн,. ахєм ничима бакаст. § 57. Бєттєгтє ємє бєттєг дзырдтє домгєвазыгджын хъуыдыйады. Домгєвазыгджын хъуыдыйад арєзт вєййы сєйраг ємє * уєлємхєст хъуыдыйєдтєй. Уєлємхєст хъуыдыйад баст вєй- йы сєйрагимє кєнє бєттєгтєй кєнє та бєттєг дзырдтєй. Бєттєг ємє бєттєг дзырдтєй ис ахєм хъауджыдєр: бєт- тєг нєу хъуыдыйады уєнг, уый єрмєст бєтты дзырдтє ємє хъуыдыйєдтє; бєттєг дзырд та хъуыдыйады уєнг дєр у ємє: 104
ма хъуыдыйєдтє дєр бєтты. Бєттєг дзырдтєй вєййынц ном- ивджытє ємє фєрсдзырдтє— кєй, кєцы, цємєй, кєм, кє- дєм, кєцєй ємє єндєртє. Цєвиттонтє: Ацы єхсырджын хъуг кєй у, уый преми райсдзєн. Ам дзырд кєй бєтты дыуує хъуыдыйады, ноджы макєй йєхєдєг хъуыдыйады уєнг дєр у (зєгъинаг), уымєн ємє- хъуджы хицауы номы бєсты балєууыд хъуыдыйады. Ацьг хъуыдыйады кєй у бєттєг дзырд. Єз газеты бакастєн, иу лєг 152 азы кєй фєцард, уый. Ам та кєй єрмєст бєтты кєрєдзийыл дыуує хуымєтєг хъуыдыйады, фавлє йєхєдаег ницы предметы номы бєсты ис ємє хъуыдыйады уєнг дєр нєу, ома ацы цєвиттоны дзырд кєй у єрмєст бєттєг. Тедо ныр дзєбєх зоны, колхозы хємпус сау быдыртє цє- мєй хуымгонд сты, уый. Дзырд цємєй бєтты кєрєдзиуыл дыуує хъ*уыдыйады, но- джы ис дзырд тракторы бєсты ємє у хъуыдыйады уєнг. (єххєстгєнєн), уый тыххєй йє схондзыстєм бєттєг дзырд.. Арф бахуым кєн, цємєй дын хор дзєбєх єрзайа. Ам та дзырд цємєй исты предметы номы бєсты нєу„ фєлє єрмєст дыуує хъуыдыйады кєрєдзимє бєтты, хъуы- дыйады уєнг дєр нєу, ємє йє схондзыстєм бєттєг. Уєлємхєст хъуыдыйады сєйраг хъуыдыйадєй рахицєн кєнынц къєдзыгєй. Зєхкусджытє колхозтє уымєн арєзтой, цємєй нырау: хъєздыг цєрой. Кєд уєлємхєст хъуыдыйад уа сєйраг хъуыдыйады єх- сєн, уєд та йє рахицєн хъєуы къєдзыгєй дыууєрдыгєй дєр.. Уарзон, хицоны цєстєй касти, цыма йын исты бавєййы,. уыйау. (Цом а хъ). 163 ФЄЛТЄРЄН. Ацы тексты сбєрєг кєиут бєттєгтє ємє бєттєг дзырдтє. 1. Каед єруадза, уєд экскурсийы нє ацєудзыстєм. 2. Кєд єруардзєи, уый бєрєг нєй. 3. Бас кєй басудзы, уый доиыл дєр фу кєны. 4. Бирєгъ зыд кєй кєны, уый алчи дєр зоны. 5. Цє- мєй зонын, кєд єрбацєудзєн! 6. Єз зонын, хєдзєрттє цємєйь: аразынц, уый. 164 ФЄЛТЄРЄН. Равзарут ацы хъуыдыйєдтє. Ссарут сє бєттєг дзырдтє. 1. Гути ивар єрцыд, Мєхємєтимє кєй фєхыл, уый тыххєй.. (Хъаныхъуаты И.) 2. Къамады чи нє уыд, уый хъуамє йєхи- цєй ма раппєла. (Арсен) 3. Цєст кєй нє уыны, уый зєрдєйє* рох вєййы. (Ємбисонд) 4. Иликъо куыддєр Садуллєйы къухтє 105,
бастєй федта, афтє Арчилмє топп фєдардта. (Джиоты Д.) 5. Хєрз євзонг лєппуйє єз ємє Дудар Садоны куы куыстам, уєдєй фєстємє тынг хєларєй цєрєм. (Бекъойты Е.) 6. Цє- мєй кусай, уымє зил. 7. Цємєй дын раппєлон, ахємєй нєм ницы ис. (Газетєй) 8. Ахуыр цємєй рєвдз цєуа, уый тыххєй хъєуы бирє кусын. 9. Цємєй єнтыстытимє фєуєм ахуыры аз, уый тыххєй хъєуы єдзухдєр ахуыр кєиыи. 10. Хорз уыди, куыст афоиыл кєй фєци, уый. § 58. Уєлємхєст хъуыдыйєдты хуызтє. Уєлємхєст хъуыдыйєдтє дєр домынц, хъуыдыйады уєнг- тє цы фарстытє домынц, ахємтє. Уымє гєсга сєм ис кєсєн ахаем цєстєнгасєй, цыма уєлємхєст хъуыдыйєдтє сты сєй- раг хъуыдыйєдты рапарахатгонд уєнгтє, уыйау. Цєвиттонєн равзарєм ахєм хъуыдыйєдтє: Цопаны курортмє сєрды арвысшой. Ам Цопаиы арви- тыиы рєстєг амоны иунєг дзырд. Кєд арвыстой? — Сєрды (афоны фадат). — Цопаны курортмє, сєрд куы єрцыд, уєд арвыстой. Ам та арвитыны рєстєг амоны єнєхъєн хъуыдыйад. Кєд єй арвыстой? — Сєрд куы єрцыд (уєлємхєст хъуыдыйад). Лєппутє къєвдайє иу фєлдєхт тулдзы бын ам- бєхстысты. Ам тулдзы миниуєг амоны иунєг дзырд — фєлдєхт (бєрєггєнєн). Лєппутє къєвдайє амбєхс- тысты, дымгє кєй афєлдєхта, иу ахєм тулдзы бын. Ам та тулдзы миниуєг амоны єнєхъєн хъуыдыйад дымгє кєй афєлдєхта. Уєлємхєст хъуыдыйєдтє вєййынц ахємтє: сєйраты ує- лємхєст хъуыдыйад, зєгъинаджы уєлємхєст хъуыдыйад, єх- хєстгєнєны, бєрєггєнєны, афоны, бынаты, архайды хуызы, єфсоны, нысаны, бадзырдон ємє ныхмєвєрды уєлємхєст хъуыдыйєдтє. 165 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут фєлтєрєн. Фарстыты руаджы базонут ує- лємхєст хъуыдыйєдтє. Фарст євєрут, цы уєнджы амоны, уый сєрмє. 1. Джерихан бамбєрста, Гуыба Алимырзєйы марынмє кєй фєцєуы, уый. (Дєбе) 2. Мад зыдта, Павел горєтмє кєй фєцєуы, уый. 3. Ныры онг цы фєцардтєн, уый мєм фыны раз ницы кєсы. (Тлатты X.) 4. Дыуує сыхаджы рагєй фєс- тємє хєларєй кєй цардысты, уый єрбайрох кодта Хъауыр- бег. (Букуылты А.) 5. Зонын єй, Хъызмыдє, цы зєрдє мєм дарыс. 6. Таурєгъгєнєг йє дзырд быцєугєнєгау кєй фєци, .уымєй бєрєг уыд, иырма йє хъуыды єххєст кєй нє загъта. (Джусойты Н.) 7. Зондджын дзырдмє чи байхъусы, уымєн къорд бонты .уыдзєн пайда. (Аргъау) 8. Дзыллєтє цы сарєз- И06
той ємбырдєй, уымєн хицау макуы кєн дєхи. (Плиты Г.) х9. Фыиы йє цєстыл ауад Дзандарєн, цыма йын йє машипє сывєллєттє фєцєйхастой. (Газетєй) 10. Космосєй чи раз- дєхт, уыдоныл сємбєлдзыстєм стыр цинимє. 11. Єз цємєй кусын, уымєй ничи бакусдзєн. 166 ФЄЛТЄРЄН. Ссарут уєлємхєст хъуыдьшєдтє. Бахахх кєнут, •сєйраг хъуыдыйєдтєй кєцы уєнджы ємбарын кєнынц, уый. 1. Иуанс Гиуєргимє радта, єрдхєрєны дзырдтє фыст кєм уыдысты, ахєм гєххєтты гєпиєл. (Газетєй). 2. Партион єм- бырды дзырд радтон, куыд ацы аз фосы цот схєсдзынєи єнє- зианєй. (Газетєй). 3. Ныр мын нє хъєуы ис, ныхас кєимє акєнон, ахєм лымєн. (Хъаныхъуаты И.) 4. Чи бакуса хъєууон чырты, ахєм адємтє дєр разындзєн нє хєуты. (Тыбылты А.) 5. Цы доны цєугє кодтон, уыцы дон мын фєйлауын хъуыд. (Фольклор) 6. Лєгдзинад чи равдисы, уый кой дардыл аи- хъуысы. 167 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут текст. Бахахх кєиут сєпраг хъуыдыйєдты •бын. . 1. Фиййаумє фос цы лєппутє фєцєйскъєрдтой, уыдон дєр єрлєууыдысты ємє ныхас кодтой. (Арсен) 2. Былєй чи фєцєйхауы, уый сындзыкъутєрмє дєр фєлєбуры. (Ємби- сонд). 3. Мєдинєтыл скъоламє цєугєйє фембєлдысты, йемє чи ахуыр кодта., уыдон. (Нига) 4. Амондджын уый вєййы, єнєниз ємє євєсмонєй чи фєцєры. (Ємбисонд) 5. Чи нє кусы, уый хъуамє йє дзыхыл цъутта сєвєра. (Арсен) 6. Чи цыд раджы ацы комы, уый йє зоны, нєу дзы рох. 7. Лагеры фисыны цы сал- дєттє лєууыд, уыдон сє автоматты дзыхтє єрбазылдтой. (Дзугаты Г.) 8. Худинагєй чи тєрсы, уый хъєуи-хъєу нозтдзан нє фєзилы. (Бекъойты Е ) 9. Бєхы хъуырыл цы дзєнгєрджытє уыд, уыдон дзыгъал-мыгъул кодтой. (Нига) 10. Чи ує схаста сидзєр дзыгы, уый йє ракєнєд мєнау. (Дзигойты Г.) 168 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы фєлтєрєн. Бахахх кєнут уєлємхєст хъуыдыйєдты быи. 1. Хъєусоветы уынаффє ахєм у: алы хєдзар дєр хъуамє йє цєст дара йє хайы акомкоммє бєлєстєм. (Газетєй) 2. Цє- рай, ує дзыхы кєй радавад, ахєм нєу. (Фєрнион) 3. Сыкъа та ахєм уыд, ємє йє лєг йє дзыхмє тыхєй систаид. (Аргъау). 4. Єнцонтєй кєй ракъахай, ахєм нє дєн. (Цєгєраты М.) 5. Асєбе, иугай гєрєхтєй чи фєтєрса, ахєм нєу. (Цєгєра- ты М.) 6. Афтє фыд-зонд у, ємє нєл сєгъєи єхсыр єркєнын кєндзєн. (Ємбисонд) 7. Ємбисонд афтє у: «Лєгєн, дам, йє уат куыд у, йє къєхтє афтє адаргъ кєнєд». 8. Уый афтє у, •єндєра нана йє пух базы уєлє йе стєгдары хуызєн къух йє уадулты бын цємєн бавєрдта. (Дзугаты Г.) 107
169 ФЄЛТЄРЄН. Бахахгонд уєнгтєй саразут уєлємхєст хъуыдьг- йєдтє. 1. Хымгонд зєххытє сау дарынц. 2. Фырцинєй къахфындз- тыл скафыд. 3. Заводмє бацєуынєй єртє азы фєстє Сєрєби токарь сси. 4. Хохы зымєгон цєугєйє, хъус дарын хъєуы зєй- уат бынєттєм. 5. Хъаз ныккасти йє раезты цєугє донмє. 6. Ны- рыккон колхозты хъєуынц машинєтимє дзєбзех зонгє инже- нертє. 7. Геологтє басгєрстой єдзєрєг кємттє. 8. Инструктор нын бацамыдта фотоаппараты сконд. 9. Кєрчытє хурныгуылды сбадынц. 10. Мєйрухс єхсєвы улєфджытє къуыбырєй кє- сынц Цъєйы доны цыдмє. § 59. Сєйраты уєлємхєст хъуыдыйад. Сєйраты уєлємхєст хъуыдыйад ємбарын кєны сєйраг хъуыдыйады сєйраты ємє домы фарстытє чи? цы? Сєйраты уєлємхєст хъуыдыйады бєттєг дзырдтєй вєй- йынц номивджытє чи ємє цы -йы формєтє (кєй, цсей, цєт мєн, кємєн ємє єндєртє), сєйраг хъуыдыйады та вєййы уый. Цєвиттонтє: Мє цард-цєрєнбонты цємєй тарстєну уый, єнхъєл дєн, мє сєрыл єртыхсти рєстєй. (Дєбе) Цьв єртыхстис? — Мє цард-цєрєнбонты цємєй тарстєн (ома худи- наг)... Бирєгъєй чи тпєрсы, уый хъєдмє нє цєуы. (Ємби- сонд). Чи нє цєуы хъєдмє? — Бирєгъєй чи тєрсы... Колхозонтє євзєрстыты сє хъєлєс кємєк радтой, уый ныр сєрдарєй тынг дзєбєх кусы. Чи кусы тынг дзєбєх сєрдарєй? — Колхозонтє сє хєлєс кємєн радтой євзєрстыты... Айразмє стадионы цы богалы федтам, уый спарта- киадєйы євзист майдан райста. Чи райста?—Айразмє стадио* ны цы богалы федтам... , 170 ФЄЛТЄРЄН, Сбєрєг кєнут сєйраты уєлємхєст хъуыдыйєдтє, 1. Хорз уыди, куыст афоныл кєй фєци, уый. 2. Бєрєг у„ мє ныхєстє йє зєрдємє кєй нє цєуынц, уый. 3. Куыстєи йєхи чи нє дары, уый кусєджы туг лємары. (Секъа) 4. Иє- єфсєддонты чи нє уарзы, уый афицер дєр нєу... (Дєбе) 5. Уєдє ує хъалои чи агура, уый-иу мє хєдзармє рацєуєд.... — фєхъєр кодта Аксо. (Дєбе) 6. Зынди, фурды дон тагъд кєй ныссєлдзєн, уый. 7. Зонд чи агуры, уый зондджын у. (Секъа) 8. Алкємєн дєр зындгонд у, космосмє фыццаг хатт чи атахт» уый. 9. Євзонгєй куыстыл чи сфєлтєры, уый зєрондєй дєр зивєг нє зоцдзєн. 10. Доны был чи цєры, йє ивылєнтє дєр ын уый зоны. 108
§ 60. Зєгъинаджы уєлємхєст хъуыдыйад. Зєгъинаджы уєлємхєст хъуыдыйад ємбарын кєны сєйраг хъуыдыйады зєгъинаджы ємє домы фарстытє: цавєр у? куыд у? Зєгъинаджы уєлємхєст хъуыдыйад сєйраг хъуыдыйади- мє баст єрцєуы бєттєг ємє-йє. Цєвиттонтє: Нєногхидахєму, ємє поезды уєз дєр бауром- дзсен. Цавєр у? — Поезды уєз дєр бауромдзєн. Єдзух тыхстєй ахєм сси, ємє йєм сдзурєн дєр нал исг Цавєр сси? — Сдзурєн дєр єм нал ис. Хур уыйас у, ємє дзы зєххыйас къоритє рацєуид 1300000. (Сиукъаты Н.) Цєйас у хур? Куыд стыр у хур — Зєххыйас къоритє дзы рацєуид 1300000. 171 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут фыццаг, сєйраты уєлємхєст хъуыдыйад •кєм ис, ахєм вазыгджын хъуыдыйєдтє, стєй та, зєгъинаджы уєлємхєст хъуыдыйєдтє кєм ис, ахємтє. 1. Єгуыстєй чи цєры, уый искєй фєллой хєры. 2. Хъуыд- даг афтє у, ємє дзы дарддєр фєстиат нал хъєуы. 3. Єцєг лєг .уый у, рєстдзинад кємє ис. 4. Бас кєй судзы, уый до- ныл дєр фу кєны. 5. Уый хуызєн ссис ємє судзины бын те- ман аласдзєн. 6. Уыцы чызг ахєм у, ємє дзы мєйтє ємє хуртє кєсы. 7. Хъєр фехъуыстой, разєй чи баивгъуыдта, уыдон дєр. (Бекъойты Е.) 8. Гуыдыр аразын чи зоиы, уый йын йє дєгъєл дєр сараздзєн. 9. Ахєм у, ємє цєндыл дур не ссар- дзєн. 10. Дур єхсын чи нє зоны, уый дзы йє къєбут фєцєвы. 11. Зєххыл хъєздыгдзинадєй цыдєриддєр ис, уыдон адємы •сты ємє дзы хъуамє мисхал дєр ма сєфа (Дєбе) 12. Цуанон та ахєм дєн, ємє мє цуанонтє цуаны нє фєуадзынц семє. (Къоста). § 61. Єххєстгєнєны уєлємхєст хъуыдыйад. Сєйраг хъуыдыйады єххєстгєнєны цы уєлємхєст хъуы- дыйад ємбарын кєны, уый хонынц єххєстгєнєны уєлємхєст хъуыдыйад. Домы фарстытє — фарстон номивджытє чи ємє цы-йы фєрссаг хауєнты формєтє: кєй? цєй? кємєн? цємєн? кєуыл? цєуыл? ємє єнд. Бєттєгтє ємє бєттєг дзырдтєй вєййынц — кєй, цыма, цємєй, кєдєм, кєцєй, кєм, кєд, чи, цы, кємєн, цємєн, кє- уыл, цєуыл ємє єндєртє. 109
Цєвиттонтє: Цы ардта, уый хордта єввонгєй, дзєбєх. (Къоста) Цы хордта? — Цы ардта... Хєрз дзєгъєл кєй зайын, уый базыдтон. (Къоста) Цы базыдтон? — Хєрз дзєгъєл кєй зайын... Зымєджы кєрон алкєй дєр фєфєнды, цємєй уалдзєг тпагъддєр єрбалсеууа. Агуыбечыры тынг фєндыди, цємєй йє фєскомцєдис- мсе айстаиккой, уый. Цы йє фєндыди? — Цємєй йє фєскомцєдисмє айстаик- кой. Єз ынлємбынєгєй радзырдтон, Ахмєтпимє куыд ба- зонгє дєн9 уый. Цы радзырдтон лємбынєгєй? — Ахмєтимєг куыд базонгє дєн... Бригадир бафарста агрономы, райсом кєм кусдзыстыу уымєй. Цємєй бафарста бригадир? — Райсом кєм кусдзыс- ТЫ... 172 ФЄЛТЄРЄН. Ссарут єххєстгєнєны уєлємхєст хъуыдыйєдтє„ уыдонмє ємбєлон фарстытє євєргєйє. 1. Сбєрєг кєнут картєйы, цал километры ис Мєскуыйє Ленинградмє. 2. Дысон мє фыны федтон, цыма хєдтєхєгыл тахтєн нє хъєуы сєрмє. 3. Знонизєр колхозонтєн лектор ра- дзырдта, Испаны фашисттє кусєг адємы куыд єнауєрдон єф- хєрд кєнынц, уый. 4. Цєугє ємє фехъусын кєн зєххонтєн, цы федтай, уый. (Брытъиаты Е.) 5. Єнхъєлмє кєсынц иууылдєр, кєд фєзындзєн Леуан. (Арсен) 6. Зыдтой, уыдонхорз зыдтой, куыд фарсдар сты хицєуттє єлдєрттєн. (Арсен) 7. Сєрдар фехъусын кодта колхозонтєн, цємєй изєры ємбырдмє єрцєт уой. 8. Аразинаг цы уа, уый саразын хъєуы. 9. Уыцы хъуыддаг єхсызгон уыди, ємбырды чи уыд, уыдонєн. (Бекъойты Е.) 10. Кємєй цы риссы, уый кой кєны. 11. Кємє єнхъєлмє кас- тысты, уыдонєй дзы ничи разынди. (Бекъойты Е.) 12. Хъыг кодта бєргє Иосеб, Леуан єрдєгахуыргондєй кєй баззади. (Арсен) 13. Ды нє зоныс сєрєй, мєн куыд уарзта мє мад. (Нигер) 14. Ды куы кастаис, уый йє цєхєртє ам куыд скалдта. (Нигер) 15. Хєсты цєхєрмє нє чи сайы гюгєй та, — стоиєм йє тугєйдзаг кард. (Дзанайты С.) 16. Фєлє мын ракеты хабар- куы ракодта кєронмє, уєд ма йє цємєй иу хатт ракєна, уый дзы бацагуырдтон. (Дєбе) 110
§ 62. Бєрєггєнєны уєлємхєст хъуыдыйад. Бєрєггєнєны уєлємхєст хъуыдыйад бєрєг кєны сєйраг хъуыдыйады номдартєй искєцыйы ємє домы фарстытє — цавєр? ксецы? кєй? Бєрєггєиєны уєлємхєст хъуыдыйады бєттєг дзырдтєй вєййынц номивджытє: чи, цыємє кєцы, хъуыдыйады цавєр» уєнгтє уой, уымє гєсгє алы хауєнты формєты. Сєйраг хъуыдыйады та вєййынц амонєи дзырдтє —ахсемш. уыцы Цєвиттонтє: Дзыхєй схаудтой, єппындєр кєуыл нє ахъуыдыг кодта, ахєм ныхєстє. (Дєбе) Цавєр ныхєстє схаудтой дзыхєй? —Єппындєр кєуыл нє ахъуыды кодта. Бабыз ын систа йє чырынєй йє морє кєлмєрзєн, ныр иу-дсес азы євсердєй кєй фседардта. (Цомахъ) Цавєр кєлмєрзєн систа Бабыз? — Ныр иу-дєс азы євєрг дєй кєй фєдардта... Зымєгон суг цємєй єрбаластаид бинонтсен, фсез- зыгон йсе хортсе цємсей серсембырд кодтаид, ахєм. ласєн тых нє уыдис мєгуыр Цоламє. (Дєбе) Цавєр тых нє уыди? — Зымєгон суг цємєй єрбаластаид,. фєззыгон йє хортє цємєй єрємбырд кодтаид... Єрседжы преми ксемсен радтой, уый бєх та ныр- дугъы фєразєй. Кєй бєх та фєразєй? — Єрєджы преми кємєн радгоц... Кєцы-иє цы бєрєггєиєиы уєлємхєст хъуыдыйад райда- йы, уый вєййы, цы дзырды фембарын кєны, уый фєстє. Ныр базыдтой ахєм хос, ксецы дзсебєх ксены тубер- кулезсей. Цавєр хос? — Кєцы дзєбєх кєны туберкулезєй... 173 ФЄЛТЄРЄН. Ссарут бєрєггєнєны уєлємхєст хъуыдыйєдтє. 1. Ахєм єргъом сєккой кєн, ємє кєй афєразай. 2. Уыди дзы ахєм бииоитє дєр, кєцытє бафєрєзтой суанг судзииы оиг дєр семє раласын. (Арсен) 3. Фєзындзєн ахєм фыссєг иу, кємєи йє зарєг иєргє эфирєй єппєт бєстыл кєпдзєн хєлиу. (Боциты Б.) 4. Хур йє зынг цєстєй кєдєм нє бакаст, ахєм бынат иал уыд. 5. Хъєддзаутє, нысєиттє кєуыл уыд, уыцы бєлєсты акалдтой. 6. Ды цы скъолайы ахуыр кодтай, уыцы скъола ныр бирє фєрєсугъддєр. 7. Цємє бєллыдтєи, уыцы хъуыддаг мє къухты бафтыд. 174 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут фыццаг, єххєстгєнєны уєлємхєст хъуы- дыйєдтє кєм ис, ахєм домгєвазыгджын хъуыдыйєдтє, стєй та — бєрєг- гєнєиы уєлємхєст хъуыдыйєдтє кєм ис, ахєм домгєвазыгджыитє. 111:
1. Ме ’мбал мын радзырдта, Дзауы курорты куыд баулє- <фыд, уый. 2. Мє зєрдыл єдзухдєр лєууы, Сау денджызы фыц- цаг хатт куы федтон, уыцы сахат. 3. Ахєм дымгє скодта, ємє ма тыхєй-фыдєй размє ацыдыстєм. 4. Цуанон цы ком нє басгары, уый сырдджын хоны. 5. Сывєллєттє цы тулдзы бын хъазыдысты, ууыл дыуує сєдє азєй фылдєр цєуы. 6. Уыналы ахєм дыргътє зайы, ємє дунейы хуыздєр дыргъты ’хсєн ба- цахстой фыццаг бынат. 7. Чи цы агуры, уый ссары. 8. Кавказы хєхтєй бєрзонддєр чи у, уыцы хох хонынц Эльбрус. 9. Уал- .дзєджы райсомєй, боны дєр ма, цы цъєхбын стыр стъалы -фєзыны, уый хоиынц Боивєрнон. 10 Цы єгъдау равдисай, ахєм єгъдау дын дєтдзысты. § 63. Архайды хуызы. уєлємхєст хъуыдыйад. Архайды хуызы уєлємхєст хъуыдыйад ємбарын кєны сєйраг хъуыдыйады архайды цыды хуызтє ємє домы фарс- тытє — куыд? цы хуызєн? куыдєй? Архайды хуызы уєлємхєст хъуыдыйады вєййынц бєттєг- тє ємє бєттєг дзырдтє — цыма, куыд, цас, цємєй. Сєйраг хъуыдыйады та вєййынц амонєн дзырдтє— аф- тє, афтємєй, уыйау. Цєвиттоитє: Арв куыд нєры, афтє нє цєвы. (Ємбисонд) Куыд нє цєвы арв? — Куыд нєры... Цыма йєм кєцєйдєр ныфсы хур єрбакаст, уыйау айста йє зєрдємє ацы дзырдтє Марине. (Цомахъ) Куыд айста ацы дзырдтє Марине? — Цыма йєм кєцєй- дєр ныфсы хур єрбакаст... Цас мєгуырдєр кодтой, уыйас сє кєрдзыныл кодтой рє- даудєр. (Къоста). Куыд рєдаудєр кодтой? кєнє: цас рєдаудєр кодтой? — Цас мєгуырдєр кодтой... 175 ФЄЛТЄРЄН. Ссарут вазыгджын хъуыдыйєдты архайды хуызы . уєлємхєст хъуыдыйєдтє. • 1. Сє цєсгємттє афтє дардтой, цыма сыл стыр єхсызгон- дзинад сємбєлд. (Арсен) 2. Ныр та иу хъєуы зєхх ауєй код- та, афтємаей єрцыди Леуан Калакмє. (Арсен) 3. Ныззарєм нє зарєг хъєрєй, куыд фехъусой зарєг Китайы. (Гулуты А.) 4. Цыма цыргъ кардєй єрдз йє зєнгтє лыг кодта, уый хуы- зєн хъєрзыд. (Боциты Б.) 5. Цыма никєй уыны, афтє* йєхи акодта. 6. Раст цыма бирє фєсад, уый хуызєн сси. 7. Цыма йє ток ныццавта, афтае фестъєлфыд уыцы єнцад ныхасєй Го- гош. (Дєбе) 8. Цас хєстєгдєр кодтон бынатмє, уыйас мє ^ 112
тас фылдєрєй-фылдєр кодта. (Дєбе) 9. Цас тынгдєр иых- хойои паддзахы бєрзєй, уыйас адємы цин тыигдєр кєндзєн. (Хъуылаты С.) 10. Тамакойы фєздєг ємбєрзта фєтєгены лам- пєйы, цыма йыл бєзджын мигъ єрбадт, уыйау. (Хъуылаты С.) 11. Цыма ацы фарстытє йєхимє нє хаудысты, уыйау дардта йєхи. (Гафез) 12. Иєхи сраст кодта, цыма стыр уєз ахауд йє рагъєй, уыйау. (Гафез) 176 ФЄЛТЄРЄН. Ссарут уєлємхєст хъуыдыйєдтє. Бацамонут, цч- вєр сты, уый. 1. Бєх афтє згъордта, ємє-иу хаттєй-хатт дзопыгъ фє- цєйфєлдєхти. (Нига) 2. Карум куыд райгуырдис дыуує хъу- симє, афтємєй царди 30 азы. (Арсен) 3. Сыстадтєи кєуга^- йє, афтємєй фєцєуєг дєи нєхимє. (Нига) 4. Лєг йє дзып- пы йє къухтє нытътъыста, афтємєй йє усы разєп фєцєй- цыд. (Газетєй) 5. Цыма уєрмєи дзьфдта, уыйау хъуыст Цаме- лы ныхас. (Газетєй) 6. Абон дє куыд хъєуы, райсом дєр дє афтє хъєуы. (Ємбисонд) 7. Сослаиы йє ныййарджытє аф- тє хъомыл кодтой, ємє йє хистєры дзырдыл «нє» зєгъын йє бон иє уыд. (Дзугаты Г.) 8. Єртє суткєйы фєцыдыстєм, иу ран дєр нє бахсєвиуат кодтам, афтємєй. (Аргъау) 9. Иє дзых Дзєуджыхъєумє арєзт, афтємєй сармадзан лєууыд хъєуы астєу. (Арсен) 10. Дє фыдыбєстє афтє хъуамє уар- зай, тыхсты бон ыи дє цонджы фыд куыд дарай. § 64. Бынаты уєлємхєст хъуыдыйад. Бынаты уєлємхєст хъуыдыйад фєамоны, сєйраг хъуыды- йады архайд кєм цєуы, кєнє кєцєй ємє кєдєм арєзт у, уый ємє домы фарстытє— кєбєм? кєм? кєцєй? Бынаты уєлємхєст хъуыдыйады бєттєг дзырдтєй вєй- йынц— кєм, кєбєм, кєцсьй. Сєйраг хъуыдыйады та фєлєууынц амонєн дзырдтє — уым, уырдєм, уырдыгєй. Цєвиттонтє. Бєх кєм стпулы, уым ма єрду аззайы. (Ємбисонд) Кєм аззайы єрду? — Бєх кєм стулы... Кєдєм-иу бафтыд, уым-иу фєкафыд кєрдзыны мурыл. <(Къоста) Кєм-иу фєкафыд? — Кєдєм-иу бафтыд... Бєлєстє тарєхгєдОєр кєм уыдысты, уым топпы- хъавєн арєзт уыди. (Арсен) Кєм уыди топпыхъавєн арєзт? — Бєлєстє тарєхгєддєр кєм уыдысты... 8. Бязырты А. 113
Хєсты тох тынгдєр кєм уыд, тасдєр кєм уыд, уырдєм-иу єппєрста йєхи хъєбатыр Чапаев. Кєдєм-иу єппєрста йєхи Чапаев?—Хєсты тох тынгдєр кєм уыд, тасдєр кєм уыд... 177 ФЄЛТЄРЄН. Ацы фєлтєрєны ссарут бынаты уєлємхєст хъуы- лыйєдта*. 1. Кєм нє цыдысты дзывыр, галтє, — уым ныр єрдхєрє- ны тыллєг. (Нигер) 2. Лєджы сєр тохы кєм хъуыди, уым тохєй не здєхти фєсфєд. (Боциты Б.) 3. Систон лєджы ємє йє мє хъєбысы ахастон, нє дєлейє цы атагъайы къох уыдис, уырдєм. (Дєбе) 4. Цєугєдои малдєр кєм уа, кєсаг дєр уы- мыты вєййы. 5. Сывєллєттє тарст хуызєй кєцєй разгъорд- той, уырдєм бауадыстєм ємє дзы даргъ бургалм ауыдтам. 178 ФЄЛТЄРЄН. Раиртасут бынаты уєлємхєст хъуыдыйєлтє. Равє- рут фарст, цы уєнгты амонынц, уыдонмє. 1. Къорд кєм уыны, уырдєм уайы. (Епхиты Т.) 2. Иє гуы- быр фындзы рагъыл, мидєгєй йє саст кєм хоны, уый хєд сєрмє нос баззад. (Цєгєраты М.) 3. Трактортє кєм лєууы- дысты, уырдєм бацыд сєрдар. (Цєгєраты М.) 4. Цєугєдон ранєй-рєтты кєм фєсабыр вєййы, уырдыгєй разыны євзист- гуыбын, сырх тєппытє кєсєгтє. 5. Кєм нє хъуыдис дзывыры сєр, уым трактор хуымы уайы. («Фидиуєг») 6. Бєх кєм сту- лы, уым ма ’рду аззайы. (Ємбисонд) 7. Хъєлєба кєцєй рай- хъуыст, уыцырдєм азгъордтой цыбєл сывєллєттє. § 65. Афоны уєлємхєст хъуыдыйад. Афоны уєлємхєст хъуыдыйад амоны сєйраг хъуыдыйады архайды афон кєнє рєстєг ємє домы фарстытє — кєд? кєдєй? кєдмє? Афоиы уєлємхєст хъуыдыйады вєййынц бєттєгтє -- куыг куыддєр, цалынмє, кєй, кєдєй, кєдмє, кєд. Сєйраг хъуыдыйады та лєууынц амонєн дзырдтє -уєду афтєУ уаяынмє, уєдєй, уєдмє. Цєвиттонтє. Фиййау куы уыди, уєд-иу хуыссыди тєдзгє скъєтьи (Къоста) Кєд хуыссыди тєдзгє скъєты? — Фиййау куы уыди... Хъыацыхъо, ацы хотє цалынмє сє амонд ссарой. уалынмє ма бацагур хъарм бынат, зєрдєрухс. (БрытъиатыЕ.) Кєдмє ма бацагур хъарм бынат? — Цалынмє ацы хотє- сє амонд ссарой... 114
Хур нємй ШйШи, афтємєй адєм иууылдєр сє къєх- тыл уыдысты. (Арсен) Цы афон уыдысты адєм сє къєхтыл? — Хур нєма скасти... Аксо Мсескуыйє куыддєр ссыдис, афтє йє облєнєниз- дзинады хайад арвыста сахары сєйраг рынчындонмє. (Дєбе) Кєд арвыстой Аксойы? — Аксо Мєскуыйє куыддєр ссы- дис..,. Ды цалыннє хьєуєй ардєм цыдпгє, уєдмє мах еектары єрдєг арывтам. Цас рєстєгмє арывтам гектары єрдєг? — Ды цалынмє хъєуєй ардєм цыдтє... 179 ФЄЛТЄРЄН. Раиртасут афоны уєлємхєст хъуыдыйєдтє. 1. Уыдои цалынмє коммє цєуой, уєдмє ныммєйдар уы^ дзєп. (Бекъойты Е.) 2. Сауи, Бєтє ємє Галайы фырттє та„ суанг уасджытє фыццаг уаст куы ныккодтой, уєдмє сусєгєй зєрдиаг ныхас кодтой Михелы уаты. (Бекъойты Е.) 3. Рагєй ахуыр у уыцы уєлдєфы, суанг ма сывєллон куы уыдис, уа> дєй нырмє. (Дєбе) 4. Фєсахсєвєр сси, афтє кєртєн Санды- ры «тпру» єрбайхъуыст. Цалынмє Гогош йє размє цыд, уєд- мє Сандыр йє бєх кауы михыл абаста ємє мидємє єрба- цєйцыд. (Дєбе) 5. Хєцынмє бавналєм, зєгъгє, афтє иу: барєг сє астєу февзєрди. (Аргъау) 6. Хєрд фєци, зєгъгє, аф- тє та фынгыл цы дзаумєттє уыди, уыдон сєхуыдтєг сє бы- нєттєм айстой сєхи. (Аргъау) 7. Євєдза ныр бавиалой хє- рынмє, афтє та барєг фєзыны сє астєу урс-урсид бєхыл. (Аргъау) 8. Иосебы мардєй рацыдаид, євєццєгєи, иу мєйы бєрц, афтє Леуан Калакмє ацыди. (Арсен) 9. Демє ахєсс дыуує фысы марды, ємє. куыддєр бирєгътє єрхєстєг уой, афтє сын сє фєндаджы фєйнє фарсмє аппардзынє. (Аргъау) 10. Уыдаид, євєццєгєн, боны фондз сахаты, афтє культурєйы Министрады стыр залы байгом конкурсы фєстиуджыты єм- бырд. (Хацырты С.) 11. Аслєнбег йє мыггаджы кой куы фе- хъуыста, уєд фестъєлфыд. (Хацырты С.) 180 ФЄЛТЄРЄН. Ссарут афоны уєлємхєст хъуыдыйєдтє. Бацамо- нут, кєцы уєнгты ємбарын кєнынц, уыдон. 1. Лєг уазєгуаты куы фєцєуы, уєд куыддєр бєрєгбои- хуыз вєййы йє зєрдє. (Дєбе) 2. Раст хур фєцєйныгуылдис, афтє єлдары раз балєууыдысты адєм. (Секъа) 3. Цалынмє мах єндєр цехты зылдыстєм, уєдмє куыст дєр фєуд кодта. (Газетєй) 4. Сє уынгмє куыд фєцєйхєццє кодта Ахлємыр, афтє йыл єрбамбєлд Фатимє. (Бязырты Д.) 5. Хуры тынтє хъєуы куы нє ма апырх сты, раст уыцы афон уынгты сє къє- питимє тындзыдтой колхозон фєсивєд. (Газетєй) 6. Иє цым- гє куы фєцєйфєуд кодта Раисайєи, уєд ферхєцыд. (Нига)
7. Трамвай нєма ’рлєууыд, афтє Сослан дєр рацєйхызт. (Джиоты Д.) 8. Иуцъус куы ауад Тотырадз, уєд ыи Уастыр- джи бабєлццон кодта йєхи. (Аргъау) § 66. Єфсоны уєлємхєст хъуыдыйад. Єфсоны уєлємхєст хъуыдыйад амоны, сєйраг хъуыдыйа- ды архайд цєй тыххєй райдыдта, уый аххосаг ємє домы фарс- тытє цамєн? цємє гєсгє? цєй тыххєй? Сєйраг хъуыдыйад ємє єфсоны уєлємхєст хъуыдыйад баст вєййынц ахєм бєттєгты руалжы: уымсвнємє, кєй — уый тыххєй, кєи — уымє гєсгє. Цєвиттонтє: Дон кєнын нє бахъуыд алы бєласыл дєр, (цємєн?) уымєн ємє уыд фыдєнтєф ємє єнєкъєвда. Бимбо- лат фєссихор дєр афынєй кодта, (цєй тыххєй) єхсєвы йє мєйрухсмє кєсаг ахсын кєй хъєудзєн, уый тыххєй. Сєниаты хуыйджыты курсытєм нє айстой, (цємє гєсгє?) чысыл ма кєй уыд, уымє гєсгє. 181 ФЄЛТЄРЄИ. Ссарут єфсоиы уєлємхєст хъуыдыйєдтє. 1. Чермен мєгуыр адємы хъахъхъєиєг кєй уыд, адєм дєр ыл єнусон зарєг уый тыххєй скодтой. 2. Уєлладжыры комы шахтєтє ємє заводтє бирє уымєн ис, ємє сє хєхтє хъєз- дыг сты згъєртєй. 3. Єрыдоны дон цъититєй кєлы, ємє цъєх уазал дєр уымєи вєййы. 4. Мисурєт сфєнд кодта фидєиы аг- роном суєвын, уымє гєсгє ныр єдзух биологи ємє ботаникє ахуыр кєиы. 5. Тамакойы никотины марг кєй ис, рєуджыты дєр уымєн халы. 6. Єгєр кєй баталынг, уый тыххєй мах хъє- ды дарддєр нал ацыдыстєм. 7. Лєппу цъєх нєууыл єрхуыс- сыд ємє йєхи кєрцєй єрємбєрзта, уымєн ємє уазалгомау уыд. 8. Къостайы ємдзєвгєтав адємы єхсєи парахатєи цє- уынц, уымєн ємє алкєйы зєрдєйы дєр истємєй бацагайынц. 9. Ацыйаз нартхор диссаджы зад єркодта, афоныл къєвдатє єрцыд ємє уый тыххєй. 10. Ног хид фєтєм кєй у, уый тых- хєй йыл дыуує фєлтєры машинєтє цєуы. § 67. Нысаны уєлємхєст хъуыдыйад. Нысаны уєлємхєст хъуыдыйад амоны сєйраг хъуыдыйа- ды архайды нысан ємє домы фарстытє — цємєн? цєй тыххєй? цы хъуыддагєн? Нысаны уєлємхєст хъуыдыйад сєйраг хъуыдыйадимє баст вєййы бєттєгтєй: цсемєй, уый тыххєй, уымєн. 116
Цємєй дє райгуырєн бєстєйєн фєпайда уай, уый тыххєй хъуамє суай хорз специалист дє хъуыддагєн. Цємєн хъуамє суай хорз специалист? — Цємєй дє рай- гуырєн бєстєйєн фєпайда уай. Єлдары марыны ємгъуыд дєр куадзєнбонмє уый тыххєй уыд, ємє сыл цємєй єлдары зєрдє ма фєгуырысхо уа ємє сє фєнд ма фехєла. (Секъа) Цємєн уыд єлдары марыны ємгъуыд куадзєнмє? — Цє- мєй сыл єлдары зєрдє ма фєгуырысхо уа. 182 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут вазыгджын хъуыдыйєдтє, фыццаг ныса- ны уєлємхєст хъуыдыйєдтимє, стєй та єфсоиы уєлємхєет хъуыдыйєд- тимє. 1. Єхсєвєр єрєгмєдєр хєрдзынє, уый тыххєй хор фыл- дєр нє лєууы. (Ємб.) 2. Уыцы бєркад фынгыл хъуамє уы- даид хъєрєй .сидтытє, рєсугъд иыхєстє, хъєлдзєг зєрдтытє. Фєлє єнкъард уыд бадт, уымєи ємє єнкъард уыдис Сан- дыр. (Дєбе) 3. Ахмєт йє кєстєр єфсымєры дуканимє арвыс- та, цємєй йын спичкєтє єрбадавтаид. 4. Буц уыд алчи йєхи- цєй, партизаиты ирвєзын кєныимє кєй цєуы, уый тыххєй. Ноджы уыдыстєм тынг хъєлдзаег, уымєн ємє нєм афтє кас- тис, цыма урсыты бандєйы уайтагъд адєрєи кєндзыстєм. (Дєбе) 5. Уєдєй тынгдєр никуы смєсты дєн мєхимє, чины- джы кєсыи кєй нє зонын, уый тыххєй. (Дєбе) 6. Ефс иыр уы- дис колхозы. Заинаг куыд уыд, уымє гєсгє йыл дохтыр кусын »є уагъга. (Дєбе) 7. Єдзыиєг кєсы дзурджытєм, цємєй дзы кун.-ст нь;хас дєр ма аирвєза. 183 ФЄЛТЄРЄИ. Рафыссут ацы хъуыдыпєдтє. Ссарут сє нысаиы ул\лємхєс! хъуыдыйєдтє. 1. Купец йє базайрєгтє бафснайдта, цємєй сє аласа уєй кєнынмє. (Аргъау) 2. Єхсєвєй-бонєй Исахъєн єрєнцой нєй, цємєй пє сєидоиєй райса стыр тыллєг. (Гафез) 3. Цємєй йє позици фєхуыздєр уыдаид Иссєйєи, уый тыххєй бардзырд1 радта йе ’фсадєи. (Газетєй) 4. Єз, хъуыддєгтє рєвдздєр цє- мєй ацєуой, уый тыххєй дзурын. (Цєгєраты М.) 5. Адєм цы- дысты Ботазы хєдзармє, арфє кодтой Сослєнбегєн йе сгуых- ты тыххєй. (Дєбе) 6. Алекси єппєт йє зондєй архайдта, цє- мєй Акулииє йє фєнд ныууагътаид. (А. Пушкин) § 68. Бадзырдон уєлємхєст хъуыдыйад. Бадзырдон уєлємхєст хъуыдыйад амоны, сєйраг хъуыды- йады архайд цы фадаты, цы уавєры фєрцы єрцєуы кєнє єр- цєуид, уый ємє фєдомы фарстытє кєд? цы фадєтты? Кєд ма райсом дєр хур бон уа, уєд нє нартхоры 117
хуым рывд фєуыдзыстєм. Цы фадєтты фєуыдзыстєм райсом рывд?-т-/Сєд ма райсом дєр хур бон уа... (Бадзырдон ує- лємхєст хъуыдыйад). . . Кєд дє фєны, уєд ардєм рацу. (Гафез) Кєд рацє- уай?—Кєд дє фєнды... (Бадзырдон уєлємхєст хъуыдыйад). Кєд гєнєн ис, уєд мє мє бынаты уадз. Бакєсон уал, фенон. (Гафез) Кєд мє ныууадзай мє быиаты? — Кєд гєнєн ис... (Бадзырдон уєлємхєст хъуыдыйад). Л мбєлтты єхсєн иудзинад куы нє уа, уєд сє хъуыддаг размє нє ацєудзєн. (Ємбисонд) Цы фадєтты нє ацєудзєн хъуыддаг? —Ємбєлтты єхсєн иудзинад куы нє уа... (Бадзырдон уєлємхєст хъуыдыйад). Бадзырдои уєлємхєст хъуыдыйад ємє сєйраг хъуыдыйад баст вєййынц бєттєгтєй куы-уєд, кєд-уєд, кєд ємє-уєд (рєстєг нє амонынц, афтємєй). 184 ФЄЛТЄРЄН. Равзарут сєйраг ємє бадзырдои уєлємхєст хъуы- дыйєдтє. 1. Зєрдє мыи куы нє бавєрдтаис, уєд ын афонмє мєха>- дєг истытє. кодтаин. (Цєгєраты М.) 2. Иу чысыл иєм хъє- дєрмєгєй каст куы уаид, уєд уыцы хєдзары аразгє Аслєн- беджы ємбєлттє дєр скєниккой. (Цєгєраты М.) 3. Кєд хъєд- мє наЕ! баирвєзтысты, уєд сє искєй ардєм хъєуы... (Цєгє- раты М.) 4. Кєд ємє хєдзармє зонгє исчи фєцєйцєуы, уєд куыдз разєй бауайы, йє цин, йє гєппытєй бамбарын кєны, хион кєй єрбацєуы. (Гафез) 5. Кєд ємє єцєгєлон вєййы, уєд та бєстє йє сєрыл сисы... (Гафез) 6. Кєд кусєг адєм айстой зєхх ємє уынаффє, уєд дзы нє хохмє дєр єрхаудзєн хай. (Цомахъ) 7. Кад куы уаид нє сєртєи, ахєм фыдгуыбыи, уєд дє хуызєн сырдтєм нал уаид єппын! (Къоста) 8. Ныммєл мын фєсмонєй, ды искуы хєддзуйє куы скєнай єлдар! (Къос- та) 9. Лєджы, дам, бас куы басудзы, уєд фу кєны йє доныл дєр. (Къоста) 10. Лєг сусєгєй куы нымудзы, уєд нал сєтты йє номыл дєр. (Къоста) 185 ФЄЛТЄРЄН. Ссарут уєлємхєст хъуыдыйєдтє. Зєгъут, цпвєр уєлємхєст хъуыдыйєдтє сты, уый. 1. Кєд ыи исты баитыса Къатийєн, уєд хъуамє фєстєма* мауал єрбаздєха. (Арсен) 2. Лєппу-иу кєд йемє уыд Ауызби- йєн, уєд-иу йє фєллад ницємє дардта. (Цєгєраты М.) 3. Кєд ис уєвєн єнє сугєй цєхєрєн, мєнєн дєр уєд єнє дєу ис фєцєрєн. (Мыртазты Б.) 4. Галиу рихийы єрдєг кєд сти- лон, уєд йє бынты доны таг атєхдзєн. (Дзугаты Г.) 5. Ссєдз- ссєдзы нє сау хъом куы уаид, уєд мєгуыр цємєн уаин? (Аргъау) 6. Кєд ды дзырд мє дзырдмє арай, дєу фєуєд мє фос. (Къоста) 7. Дзаххотт хъєуєй тагъддєр куы ссєуид, уєд П8
фиййєутты афєрсид Дудар. 8. Лєг стыр амондджын уєд уы- дзєн, йє, зонд, йє хъару ємє йє ныфс адємєн куы дєтта. (Журнал «Єфсир»). § 69. Ныхмєвєрды уєлємхєст хъуыдыйад. Ныхмєвєрды уєлємхєст хъуыдыйады архайд кєд сєй- раг хъуыдыйады архайды ныхмє у ємє йє къуылымпы кєны, уєддєр сєйраг хъуыдыйады архайд (уыцы къуылымпыдзинад ницємє даргєйє) єрцєуы єххєст. Сєйраг хъуыдыйад ємє ныхмєвєрд уєлємхєст хъуыды- йад баст вєййы бєттєгтєй над-уадсар, кєд ємє — уєд- дєр. Кєд бєлєстє хєрз єрыгон сты, уєддєр диссаджы зад єр- кодтой. (Дєбе) Асєго кєд єнєфєразгє уыд, уєддєр йє куыст- мє рацыд. (Дєбе). Кєд сє дзургє никємєн кєнын, уєддєр ¦мын Єхсар мє хъуыдытє зоны. (Цєгєраты М.) 186 ФЄЛТЄРЄН. Ссарут сєйраг ємє ныхмєвєрды уєлємхєст хъуыдыйєдтє. 1. Кєд мєиєй бирє хистєр уыд, уєддєр єм мє ныфс ба- хастаии. (Цєгєраты М.) 2. Кєд мє маст цєджджинагау фыхт, уєддєр мє мидбылты бахудтєи. (Цєгєраты М.) 3. Кєд рухс нє баййафы йє цардєй, йє бон кєд арвиты зынтєй, уєддєр на* ныххуыссы єикъардєй, — йє зєрдє хъал вєййы фынтєй. (Къоста) 4. Операци уыди тынг зын аразєи, фєлє йыл уєд- дєр євзоиг дохтыр сразы. 5. Кєд ємє фыдталыиг уыд, уєд- дєр бєлццєттє цыдысты ємє цыдысты. 6. Кєд ємє ацы сєрд къєвдатє фаг пє уыд, уєддєр скъолайы цєхєрадоиы халсар цъєх-цъєхид дардта. 7. Сывєллонмє лєг цыфєнды мєсты куы суа, уєддєр ыи тєригъєд фєкєиы. 8. Цыфєиды уєззау уавє- ры бахауай, уєддєр дє хъуамє ныфс уа. 187 ФЄЛТЄРЄН. Ссарут сєйраг хъуыдыйєдтє. Бацамонут. уа\чє\г- х.тгт хъуыдыйєдтє цахєм сты, уый. 1. Бесо кєд бирє фєцард, бирє фыдєбєттє федта, уєд- дєр нырма йє уєрджытыл лєууынхъом у. (Букуылты А.) 2. Кєд уєм мє дзырдтє єгєр карз кєсынц, уєддєр раст сты, мєсты мєм ма кєиут. (Фєрнион) 3. Тазырєт нозтыл кєд дзырдгонд нє уыди, уєддєр нє нуєзта. (Арсен) 4. Кєд-иу хи- цєн къордєй ирон адєм стыр хъєбатырдзинад равдыстой, уєд- дєр-иу хъал иикуы уыдысты (Тыбылты А.) 5. Хабетє ємє хъєу- бєстє тыхджын фєдис кєд систы, уєддєр дзы ницы зєрдє- лєууєн ардтой. (Санаты У.) 6. Къоста йє адємы бирє куынє уарзтаид, уєд афтє єнкъардєй нє зарыдаид. (Газетєй) 7. Ме ’фсєддон дарєс кєд раластон, уєддєр ма мєм сержант дзу- ры. (Цєгєраты М.) 8. Деболлаитє хуыссыдысты уаты, кєд бо!| єрбацъєх, уєддєр. (Фєрнион) 9. Тему, кєд мєгуыр кусєг лєг уыдис, уєддєр уазєгєй цух никуы уыдис. (Боциты Б.) 119
§ 70. Єнєбєттєг домгєвазыгджын хъуыдыйєдтє. Хуымєтєг хъуыдыйєдтєй домгєвазыгджын хъуыдыйад ис саразєн єнє бєттєгтєй ємє єнє бєттєг дзырдтєй дєр. Ємє уєд хуымєтєг хъуыдыйєдты кєрєдзийыл бастдзинад фысгє- йє євдыст цєуы єрхєцєн иысєкттєй, ємє дзургєйє та — интонацийє. Райсом бєстє урс адардта: дысон-бонмє фєуарыд мит. Иу миниуєг уыди Мысостмє: мєгуыры сєрыл йєхи мєлєтмє радтаид. (Цомахъ) 188 ФЄЛТЄРЄН. Равзарут ацы вазыгджын хъуыдыйєдты сконд, са- разут сє бєттєгтимє ємє бєттєг дзырдтимє вазыгджын хъуыдыйєдтє. 1. Ахуыр кєн, мє лєппу: зоид нын цыбырдєр кєны тагъд- цєуєг царды фєлварєнтє кєныны рєстєг. (Пушкин) 2. Зєрє- да хєбизджыитє кєны, сойы цъыс-цъыс цєуы, иог цыхты дзє- бєх тєф зєрдє агайы. 3. Змис бєстєйы сєрд хур єнауєрдон судзы, зымєг дудгє уазал цєрєгойты єндзыг кєны. 4. Цєхє- радоны рудзыиджы бын базмєлыдысты цъиутє, мигъ япыд цє- хєрадонєй, мє алыварс бєстє уалдзыгон хуры тынтєй барухс, мидбылхудтау. (Чехов) 5. Колхозонтє афєлдєхтой зєрєстон, хъєздыг тыллєг єрзайдзєн иог хуымты. 6. Космонавттє арвмє стєхыиц—мєстєй ризыиц дииамонджытє. 7. Хохы цъуппыл мит урс-урсидєй єрттивы — хохрєбын цъєх дарынц дзадж- джын уыгєрдєнтє. 8. Єз знои къласы нє уыдтєн: мє сєр рыст. 9. Мєиє къєвда рапырх кодта, рыг сыстад, єрцауындзєг сты єртєхтє сыфтєртыл ємє хуры тынты сыгъзагринау єрт- тивын кєны. (Тютчев) 189 ФЄЛТЄРЄН. Бацамоиут, ацы вазыгджын хъуыдышгдты хуымаггєг хъуыдыйєдтє куыд баст сты, уый. 1. Хасаи федта: йє фыды цєстытє бахаудтоп мидємє, сач алфємблай цъєхгомау тєлм фєзынд. (Богазты У.) 2. Иухатт Дзєрєхохты Хадзымурат фехъуыста Аляскєйы маданты ку- сыиц Кавказєй ралидзєг адєм. (Коничев К.) 3. Лєппу нал зыдта, цы ми бакєна: размє цєуынєи фєпдаг нал ис, фєстємє здєхын тєссаг у. (Аргъау) 4. Акуыста Хадзымурат Аляскєйы ємє базыдта: гєзємє цыдєр дзы ис сыгъзєрии, фєлє дзы хъєзныгад нє зыны. (Коничев К.) 5. Мах арєх дзурєм: «Ли- тературє у хъомылады хотых». (Газетєй) 6. Бирєгъ иу єхст фєкодта йєхи, Къобала йє змєлын дєр не суагъта, бєндєн ын йе ’фцєджы баппєрста. (Аргъау) 190 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут хъуыдыйєдтє. Бацамонут уєлємхєст хъуыдыйєдты бастдзинады хуызтє. 1. Уєрєсейы адємтє єлдарадєй куы фервєзтысты, уєд райдыдтой хъєзиыг цєрын. 2. Куырдан ємє Кудзан дзырд ба- кодтой, чызг ємє лєппу куы схъомыл уой, уєд сє кєй нє фє- 120
хицєн кєндзысты. (Секъа) 3. Сєрєби сєм бакаст, фєлє сєм хинєй куы ницы рахатыдта, уєд семє сразы. (Бесаты 7*.). 4. Этери нымдзаст, мєйы рухсєй євзисты хуызєн чи уыди, уы- цы бєласы цъуппытєм, цыма сын сє ныв иста. (А. Кутатели) 5. Къєрных євзист хъуывгъаны кой куы фехъуыста, уєд цєс- ты ныкъуылдмє йє дарєс фелвєста, йе ’хцатє єд єхцадои зєххыл авєрдта ємє цъаймє ныббырыд. (Аргъау) 6. Хусей- нєн йє фєстаг дзырдтє куыд хъуысыдысты, уымєй єнцон ба- мбарєн уыд, йє зєрдє кєй суынгєг. (Дєбе) 7. Тарст адєм уы- дєттє куы федтой, уєд сє бауырныдта, єцєг сє цагъарадои єфсондз кєй ахаудта, уый. (Арсен) § 71. Домгєвазыгджын хъуыдыйад къорд уєлємхєст хъуыдыйєдтимє. Вазыгджын хъуыдыйєдты арєх вєй.йы єрмєст иунєг ує- лє.мхєст хъуыдыйад нє, фєлє иуцалдєр. Цалдєр уєлємхєст хъуыдынады фембарыи кєныиц кєиє сєйраг хъуыдыйады уєнгтєй искєцыйы, кєинод та — сє кєрєдзийы уєнгтєй ис- кєцыты. Равзарєм цєвиттоитє. Спартакиадєйы фыцщаг бынат кєй командє бацахстг, уыцы тренер нахимє кусын райдайдзєи, нє ста- дион куы сцєттє уа, уєд. Кєцы трепер? — Спартакиадєйы фыццаг бынат кєй коман- дє бацахста... (Бєрєггєнєны уєлємхєст хъуыдыйад ємбарын кєны сєйраг хъуыдыйады уєиг уыцы). Кєд райдайдзєн кусын? — Не стадион куы сцєттє уа. (Афоны уєлємхєст хъуыдыйад ємбарыи кєиы сєйраг хъуы- лыПады уєнг уєд). 1 Уыцы тренер махмє кусын райдайдзєн уєд \ > ( Спартакиадєйы фыццаг бынат кєй командє бацахста > г не стадион куы сцєт- 1 тє уа 1 121
Фынддсес азы йыл куы сыххєст, уєд Цзерассє сфєнд кодта, сє хьєуы цы фермє уыди, уырдєм хъугдуцєгєй бацщын. Ам дєр уєлємхєст хъуыдыйєдтє дыууєйє дєр ємбарын кєнынц сєйраг хъуыдыйады уєнгты уєд ємє уырдєм. Макар зыдта, судзгє уазал кєй нє ауєрды (фыццаг уєл. хъ.), тайгамє єнє єрмкъухтє ємє єнє хъусджын худ чи цщы (дыккаг уєл. хъ.), уыдоныл. * ; Ам фыццаг уєлємхєст хъуыдыйад єххєст кєны сєйраг хъуыдыйады уєнг —- зєгъинаджы; дыккаг уєлємхєст хъуыды- йад та ємбарын кєны фыццаг уєлємхєст хъуыдыйалы уєнг уыдоныл. Макар зыдта, 1 ]г сулзгє уаяал нєй нє ауєрды... уыдоныя 1 N тайгамє єнє єрмкъухтє ємє єнє хъусджын худ чи цєуы... 191 ФЄЛТЄРЄН. Уєлємхєст хъуыдыйєдтєй фыццаг сбєрєг кєнут. сєйраг хъуыдыйады уєнгты чи ємбарын кєны, уыдон, ст.ти та — уєла*м- хєст хъуыдыйєдты уєнгты чи ємбарыи кєны, уыдон. 1. Додти, йєхи ємбарын куы байдыдта, уєдєй фєстєма* зыдта, паддзахы хицєуттє сєхицєн хєсыл кєй нымайынц хєх- хон адємы єфхєрын. (Арсен) 2. Уєрєсейы Совстон хицауад куы єрфидар, уєдєй фєстємє иє хицєуттє архайынц ууыл, цємєй алы адємтє, єфсымєртау, иумє цєрой. 3. 1764 азы Мєздєджы цы ирон скъола бакодтой, уым ахуыр кодтой, Уєл- ладжыры ємє Куырдтаты бонджындєр чи уыд, уыдон лєп- путє. 4. 1823 азы фыццаг хатт мыхуыры цы ирон дамгъуат ра- цыд, уый ныффыста, йє заманы ст.ыр ахуыргондыл кєй нымад- той, ахєм ирон лєг, Єгъуызаты Иуане. 5. Не сколадзаутєй драмкъорды чи ис, уыдон цыппєрєммє цы хъазтизєр бацєттє кодтой, уый сабатмє єргъєвд єрцыд. 6. Къоста адємєй, Хе- тєгкаты мыггаг куыд равзєрд, уый тыххєй цы таурєгътє фе- VIЙ
^ъуыста,. уыдонмє гєсгє ныффыста поэмє «Хетєг». 7. Нал мє рох кєнынц, райсомєй раджы-иу хур куы скаст, уєд-иу Црауы тархъєды мєргътє цы зарджытє кодтой, уыдон. : 192 ФЄЛТЄРЄН, Равзарут домгєвазыгджын хъуыдыйєдтє а?мє сбє- рєг кєнут уєлємхєст хъуыдыйєдтє. 1. Єз дзыллєйє къаддєр куы дарин, куы бафидин искуы мє хєс, уєд афтє єнкъардєй нє зарин, нє хъуысид мє кєуын хъєлєс. (Къоста) 2. Єз бакастєн, Єгъуызаты Иуане XIX єнусы райдианы кєй ныффыста, ирон адємы рагон царды цау- тыл кєм дзырдєуы, уыцы поэмє «Алгъузиани». 3. Цы агуры, ¦:цы ми кєны, уымєн ничи ницы ємбєрста. (Арсен) 4. Стєй уєд фєхъуыды кодта, єнафон кєй у, мєй дєр кєй афардєг ис, ємє бараст ис йє уатмє хуыссынмє. (Арсен) 5. Дзурынц уєлєсыхы лєгтє ног хабєрттє, чи кєм уыди, чи цы федта, чи цы фё- хъуыста. (Арсен) 6. Мах, мичуринонтє, ацыйаз ныссагътам, ныронг нє хъєуы зєххыл кєй нєма бафєлвєрдтам ємє нє стыр ныфс кємєй ис, ахєм зайєгой — сєнєфсир. 7. Єз ма хъуыды кєнын, быдыры куыд лыгъдыстєм, куыд цъыгъгъуытт кодтой нємгуытє, куыд хаудысты уыдонєй пырхгонд къалиутє, .куыд лєсыдыстєм сындз къудзиты єхсєнты. (Гаршин) 193 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы текст, єрхєцєн нысєнттє ємбєлон бынєтты євєргєйє. Фыццаг бонты хъєуы адєм Дасханы хъєуыхицауєй куы уыдтой уєд сєм касти худєг цыма хицауад цєстмє гєсгє ба- кодта сылгоймєгты єндєра сын се ’нєхъару зоны афтє сєм касти. Уазєг-иу куы єрбацыд хъєумє ємє-иу зєроид адємєи искєй исты хуызы куы фарста уєд-иу ын хъєр кєиын дєр єф- сєрмы кодтой нє хицау сылгоймаг у зєгъгє. Фєлє єртє мєймє хъєуы сылгоймєгтєн хицєн скъола куы байгом ахуыргєнєджы фыдєй цы сывєллєттє зади уыдо- нєн ахуыргєнєг куы фєзыиди, хъєуы куы байгом сывєллєтты хєдзар хидтє кєм нє уыд ємє адємы кусєг фос тухийє кєм мардысты уым хидтє куы фєзынди уєд єм кєсыи байдыдтой єндєр цєстєй. Сылгоймєгтє дзырдтой: «Сылгоймагєи йє зындзииад йєхи йедтємє ничи зоны. Кєсут цалынмє єхсєны куысты єр- мєст лєгтє куыстой уєдмє нє уєлдай кодта сылгоймаджы цард. Ныр цы фадєттє рєзы сылгоймаджы цард фєхуыздє- рєн!»(Дєбе) 194 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут ацы текст, єрхєцєп нысєнттє ємбєлоп •бынєтты євєргєйє. Раджы лєппуйє Хъырыммє ахуыркєнынмє куы ацыдтєн ємє уым каст куы фєдєн гъе уєд мє иу грекаг берй акодта 1й
Гуырдзыстонмє. Уырдыгєй Оныл ємє Мамысоны єфцєгыл- Мамысоны коммє ныххєццє стєм нє фондз боны цыдєй. Иу хєдзары дуар раст єхсєвєрафон бахостам.Уайтагъд нєм лєп- путє рауадысты нєзы цырагъы рухсимє. Сє фєдыл хєдзары хицау радзырдта: «Мидємє уазджытє — фысым уын стєм бар- вєссут нє цєхх нє кєрдзыныл» Тынг хорз нє суазєг кодтой: хъарм хуыссєн уат нын радтой. (К ъ о с т а) Фєлтєрєнтє єппєт синтаксисыл. 195 ФЄЛТЄРЄН. Сбєрєг кєнут, кєцы иыхасы хєйттє сты ацы хъуы-? дыйады сєйратєй ємє зєгъинагєй. 1. Терчы дон хурмє цєхєртє калы. 2. Мєнєутє єфсир єф- тауынц. 3. Нинє, ды пионер дє? 4. Сымах та курортмє кєд цє- ут? 5. Мах ме ’мбалимє дыууєйє хъєдмє дзедырєг тоиынмє* цєуєм. 6. Дыуує зєрватыччы тилифоны телтыл абадтысты. 7. Цалдєр хуыргарчы пыхсєй спєррєст кодтой. 8. Бирє адєм єрємбырд хинайєн цады был. 9. Не скъолайы агъуыст фыццаг ныллєг ємє иууєладзыгон уыд, ныр та єртєуєладзыгон у. 10. Чермен пилот уыдзєн. 11. Саукуыдз отличиик у. 12. Бєттєг «ємє» дзырдтє ємє хъуыдыйєдтє фєбєтты. 13. Дардєй цєй- дєр гуыпп-гуыпп єрбайхъуыст. 196 ФЄЛТЄРЄН. Сбєрєг кєнут, єххєстгєнєнєи кєцы пыхасы хапйт- тє сты, уый. 1. Скъоладзаутє цєхалрадоны ныссагътой харбызы, иесийы, джитърийы ємє уырыдзыйы мыггєгтє. 2. Мисурєт йе ’мбалма» єихъєлмє кєсы. 3. Ахуыргєнєг скъоладзауты фєрсы. 4. Єх- сєрсєттєг зымєгмє єхсєртє ємбырд кєны. 5. Фиййау йє фос хъахъхъєны. 6. Куыдз бирєгъыл рєйы. 7. Тєтєрхъан мотоцик- летыл абадт ємє фєтєхы. 8. Лєппу йє къєхтыл батинкєтє скодта. 9. Ленє лыжєтыл митыл фєбыры. 10. Нє къласєй єм- бырдты тынг єппєлыдысты. 11. Фидыдады сєрыл тох кєнут! 12. Хєст ма єруадзут! 13. Стыр цєугєдєтты малты кєсаг хы- зєй ахсынц. 14. Ныр мєнєу єхсырфы бєсты комбайнтєй єр- кєрдынц. 15. Нє ныллєг хєхтє хъєдєй ємбєрзт сты. 16- Хъєддзау хъєдмє єд фєрєт фєцєуы. 17. Леиє йе ’мбалєй чиныг райста. 18. Мє хєдонєй иу цєппузыр ахауд. 19. Паддза- хадон рауагъдад сывєллєттєн аргъєутты чингуытє рауагъта. 20. Гацыр йе ’мбєлттєн фєйнє фєткъуыйы радта. 21. Литера- турон къорды иу скъоладзау Пушкины тыххєй доклад скодта. 197 ФЄЛТЄРЄН. Сбєрєг кєнут, цавєр ныхасы хєйттє сты ацы хъуы- дыйєдты фадатон уєнгтє. 1. Цъитийє сєр-сєргєнгє суадєттє згъорынц. 2. Къудзийы бынєй уєрцц спєррєст кодта. 3. Клубы гом рудзынгєй зарын 124
хьуысы. 4. Изєры хуыссыны размє иучысыл атезгъо кєнын фєхъєуы. 5. Фыццєгєм сентябры скъолаты ахуыр райдайы. 6. Изєрєй фєсивєд сє куыстєй заргє єрбацєйцыдысты. 7. Ру- вас йє къахы єлгътыл кєркдонмє фєхъуызы. 8. Топпы гєра- хєй фыстє фєйнєрдєм фєлыгъдысты. 9. Фыр мєтєй адєймаг рынчын дєр кєны. 10. Сывєллєттє къордєй хъєугєрон нєу- уыл хъазынмє фєцєуынц. 11. Лєппутє бассейнмє сєхи найын- мє араст сты. 12. Лизє диссаджы рєсугъд фыссы. 13. Дзиба англисаг євзаг дзєбєх базонынєн арєх фєдзуры англисагау. 14. Стъєлф євєрынц хъуыдыйады фєуды иысанєн. 15. Зулкъ єлгъєй мард. 198 ФЄЛТЄРЄН. Сбєрат кєнут, бєрєггєнєнтєп ємє ємхасєиєй кєцы ныхасы хєйттаз сты, уын. 1. Ныр у боны євдєм сахат. 2. Тагъд дои фурды не ’ййафы. 3. Нє фермєйы сєдє дуцгє хъуджы ис. 4. Быдырты кєрдинаг мєнєутє фєйлауынц. 5. Тамарє, нє фермєны хъугдуцєг, ацы- йаз хорзєхджынгонд єрцыд. 6. Мах, єстєм къласы скъоладзау- тє, сымахмє нартхор тонынмє сидєм. 7. Нє бинонтєн мах рафыстам журналтє «Мах дуг» ємє «Фидиуєг», газеттє «Рєст- дзинад» ємє «Советои Ирыстон». 8. Єз бакастєн Мамсыраты Дєбейы роман «Фєлтєртє». 9. Советон хицауад тох кєны єп- пєт дунейы сабырдзинады сєраппонд. 199 ФЄЛТЄРЄН. Бацамонут уєлємхєст хъуыдыйєдтє. Радтут сєм (}>арстытє. 1. Дыуує лєджы єдзух быцєу кодтой, алчи дєр сє йєхи зєндджын кєй єнхъєлдта, уымє гєсгє. (Арсен) 2. Хор дзы- гуыр уымєн кєны, ємє алы нємыг дєр суадзы къорд євзары, кєцытє раскъєрынц талатє. 3. Лєппу фырмєстєй кєй скуыд- та, уый тыххєй йє йє фыд акодта быдырмє. (Аргъау) 4. Ахєм уынгєг ран уымєн дєн, ємє мє бєстє мєгуыр у. (Тлат- ты X.) 5. Кусгє бон кєй нє уыд, уымє гєсгє уынгты бадти би- рє адєм. (Тлатты X.) 6. Бузныг цєуылнє дє, єгайтма мє дзыхєй де ’взєр лєгуын къоппа райстай дзєбєхєй. (Къоста) 7. Асєй гыццыл кєй у, уымє гєсгє йыл євзєр иє фидауы уы- цы ном. (Цєгєраты М.) 8. Абон дєр ма мє сєр хойын, нє хъаст дарддєр кєй нє фехъусын кодтам, уый тыххєй. (Цєгє- раты М.) 9. Хємєтхъан цєрдєг кєй уыд, уый тыххєй йє Гиг мад схуыдта бындз. (Дєбе) 10. Єнхъєл тєрсаг кєй у, хъєды кєй нє уєндыд, уымєн єй нє уарзта Сосланбег. (Дєбе) 200 ФЄЛТЄРЄН. Равзарут хъуыдыйєдты хуызтє. КЪОСТАИЫ АВТОБШГРАФИИЄ. Нар. Нє Хетєджы фидар, мєсыг. Гъе, уыцы мєсыджы раз- мє, къєдзєхы рындзыл, дыуує доны астєу нєхи Хетєджы хє- дзар. Нары дон уайы. Схъасы ємє Захъайы дон иу кєм кє- 12Г,
иынц, — гъе уым ныр дєр ма ис Хетєджы зЖппадз, саг кєм амардта, гъе уым. Єз .ныр мєхєдєг йє дєсєм фыды лєппу- тєй сє кєстєр дєн. Єз дєр гъе уыцы хзедзары райгуырдтєи,. кємє ємє кєцы аз, уый нє зонын. Єз баззадтєн сидзєр сы- вєллонєй. Стєй иу-дыуує аздзыд куы уыдтєн, уєд мє иу зєронд ус, Томиан... Гогкоты Абрамы ус йє хъєбысы ахаста. Гъеуєд мєн уым схъомыл кодтой. Гогкоты усы єз хуыдтон Гыцци. 201 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут текст ємє єрєвєрут єрхєцєн нысєнттах. ФЄЗЗЄГ МЄСГУЫТЫ КОМЫ. Фєззєг Хъулон-мулон фєззєг єрбалєууыд М^сгуыты бєс- тєйы дуармє, хєлары уазєгєй бур-бурид дурєй єрттивынц кєрдинаг хуымтє фємєкъуылджын сты уыгєрдєнтє Хъєд фєхъулєттє ис алыхуызон ахорєнтєй. Бєрзонд хєхтє нал да- сынц сє хил ємє єруагътой сє урс зачъетє сє уєрєх риу- тєм — бєрзонд фєтєнтєм Зачъе-мит єрвыл бон даргъаей-даргъ* дєр кєны стєй иу бон бамбардзєн єппєт Мєсгуыты бєстєйы йє хуыз нє ивы єрмєст тарбын кєрдєгхуыз нєзы хъєд Цар- циаты къуыппыл нєзы хъєды къох фєлгєсєнтє кєны фєй- нєрдєм бєрзоид цъуппєй ємє хаттєй-хатт басусу-бусу кєны рог уддзєфимє йє хєдбын Барсєгаты зєппадз йє дєле та сє мєсыг ємє фидєртты хєлдтытє. Уыдон дєр нє ивынц сє фєныкєнгєс хуыз сє алфємблайы къулаив фєзтє бєзджын гауызау мєцъєл сты сєууон єртєхєй Хур єххєст иєма систа єртєхы, ємє йє тынтє хъазынц єртєхы цєстыты диссаг єрт- тивєнтєй. (Беджызаты Ч.) 202 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут текст, єрхєцєн нысєнттє ємбєлон бы^. иачты єрєвєрут, афтємєй. ЧЕРМЕН ИУ ЄЛДАРЫ КУЫД ФЄЛИДЗЄГ КОДТА. Иу бон кєсгон єлдар сфєнд кодта хъалонмє фєцєуын йє чегъретимє рараст и Хъобанмє. Уыцы заманы Чермен хъєды суг ласынмє уыдис ємє Хъобанмє хєстєг йє сємєны. къубал асаст Черменєн гєнєн нал уыд ємє йє сємєн аразын райдыд- та. Уыцы заманы йє кєсгон єлдар єрбаййєфта Чермен ємє єлдар кєрєдзийєц салам радтой. Стєй єлдар Чермены фєрсы Лєппу, Хъобанмє ма бирє баззад Чермен йє рахиз цонгєн сємєн єд цалх фелвєста ємє амоны Хъобанырдєм. Уєлє дын Хъобан. Єлдар Черменмє куы бакаст уєд базыр-зыр кодта йє зєр- дє асаст ємє афтє зєгъы йє хъєддзау лєг афтє тыкджыи кємєн у уыдонєи ма уагєр сє тахгєнєг адєм цавєр уыдзыс- 126
ты. Уыдонмє хъєумє куы бацєуон. уєд мє хєргє дєр бакєн- дзысты ємє фєндагєй фєстємє раздєхт. 203 ФЄЛТЄРЄН. Ссарут ацы чысыл уацты, авторєн йєхн чи. нєу, ахєм ныхєстє. ИРОН ФЫССЫНАДЫ РАГОН ЦЫРТЫТЄ. 1. Эльбрусы хохєн хурныгуылєцырдыгєй Стыр Зеленчукы доны сєр, ныры Єрхъызы хъєдмє єввахс, археолог Струкон 1888 азы сєрды ссардта дыуує метры дєргъєн къєйдурзвй цыртдзєвєн. Ууыл рагон бердзеиаг дамгъєтєй уыд фыст ды- гуронау, афтє: «...Сахири фоирт X... р, Х...ри фоур Пакатар, Паката(р)и фоурт Анпалан, Анпалани фоурт Лакани цирте ОТСЛ». («Б»-йы бєсты дзы ис фыст «П»), Бирє сєдє азты дєргъы къєвдатє ємє дымгєтє фехєлдтой иукъорд дамгъєйы, ам уыдон бєсты ис стъєлфєнтє євєрд. Фєстаг цыппар дам- гъа»йы та амоныиц, цыртдзєвєцы арєзты аз — 941-єм аз. 2. 1110—1180 азты цєрєг византиаг фыссєг Цец йє чи- иыджы ныффыста салам радтыны ныхєстє латинаг, уырыссаг, дзуттаг, араббаг, туркаг ємє алайнаг євзєгтыл. Рагон-уырыс- сагау дзы фыст уыд: «Сдра прате сестрица, добра дени». Алай- нагау та дзы фыст разынд: «тапан хас ме сфили...», ома иронау, Дє бон хорз, ме ’фсин, зєгъгє. (Уым ма ис фыст єндєр дзырд- тє дєр, фєлє сє ам не ’рхастам.) Ацы дыуує фысты сты иром євзагыл рагондєр фыстытє. 204 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут текст ємє рывєрут герхамхєн нысєнтта.\ ГОЦЪИ — БОГАЛ. Иракъли паддзахы рєстєджы Калачы богалты абынєй кодта иу персайнаг богал. Уыцы рєстєджы дыуує нарон лє- джы балцы ацыдысты Калакмє Хабар куы фехъуыстой уаед уыдопмє дєр хардзау єркасти ацы хабар Нарон цыбыр Гоцъи йе ’мбалєн афтє загъта: Цом ма фенєм цавєр богал у. Бацыдысты федтой йє адємы сєрты кєсы. Адєм ыл єм- бырдтє кодтой єз дєр єй фенон зєгъгє. Цыбыр Гоцъи йє куы федта уєд йе ’мбалєн афтє зєгъы: Хєргє мє куы акєна уєддєр мын йемє єнє рахєцгє нєй! Ие ’мбал єй кєм уадзы уыимє хєцын! Фєлє Гоцъи йє коммє нє бакастис ємє Ира- къли-паддзахєн фехъусын кодта. Иракъли бахудт ємє иын загъта: Дє ныфс аем куыд бахастай портийау дє куы фєхъаз- дзєни мє коммє бакєс ємє ма рахєц! Гоцъи ныллєууыдис а*мє ма кєм уадзы Иракълийы: 13авзар мє цы зиан дын у — зєгъы. Иракъли паддзахы дєр бафзендыдис: Хуымаетєджы йє 1 Нырыккон ирон євзагыл: Сахиры фырт X... р, Х...ры фырт Бєп»атыр, Бєгъатыры фырт Ємбалан, Ємбаланы фырт Лаканы цырт. а 27
ныфс нє хєссы загъта. Бон снысан кодта ємє ємгъуыды бои- мє єрємбырд сты алырдыгєй адєм. Персаг богал Гоцъийы куы федта, уєд ын хъыг уыдис. Хынджылєг мє цємєн кєнут Гоцъи йєм єд нымєт хєстєг бацыд ємє йын афтє зєгъы: Ныр уал бавзарєм стєй куы фє- тыхджыидєр уай. уєд-иу дєхицєй єппєл. Уый кєд нє уєд та рахєцєм дзырдєй,: бынєй чи фєуа уымєн иннє хъамайє йє хурх ракєнєд. Персайнаг богал сразы ис ємє сє уыцы дзыр- дєй кєрєдзийыл бафтыдтой. Зурна сцагъта дыуує богалы хєцыи байдыдтой иудзєв- гар ємє дє фыдгул афтє персайнаг богал фєбынєй ис фєлє йын Гоцъи ныххатыр кодта ємє йыи йє хурх иал слыг кодта. Иракълийєн й.є зєрдє срухс тынг бузиыг дзы фєцис. Хорз сихср саразьш кодта ємє єрхуыдта йє хєдзармє єваст бирє адємы Гоцъи ємє йе ’мбалы дєр. Балєвар ын кодта євзист нуазєн. 205 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут тскст ємє а»рєвєрут єрхєцєн иысєнттє. О Л Е Г. Олег алыхатт дєр єнувыдєй йє цєст дардта йє уєлє- дарєсмє й,єхи нє уагъта єгуыдзєгмє. Йє уєлєдарєс алы- хатт дєр уыд ногєхсад сыгъдєг итувєрд. Куы хуыссыд уєд-иу Олег йє цуры бандоныл йє дарєс хорз бафснайдта. Никуы йын уыд фенєн йє сєр єнє фастєй кєнє єнє єлвыдєй. Иухатт кєдємдєр балцы ацыдтєн Олег хєдзары иунєгєй баззад. Райсомєй раджы сыстад ємє сыхагєй иту ракуырдта. — Цємєн дє бахъуыд. — Ныртєккє мє скъоламє цєуын хъєуы афтємєй мє дзаумєттє та єнцъылдтє сты Ахєм дарєсы партєйыл сбадын аив нєу. Єз ныртєккє... Ємє єцєг уайтагъд йє дарєсыл иту авєрдта ємє є.р- мєст уєд ацыд скъоламє. Ахуыр кодта кєддєриддєр зєрдиагєй. Иє ахуырмє гєсгє-иу, цы бєрєггєнєнмє єнхъєлмє каст, уый-иу куынє райста уєд-иу йєхиуыл йє зєрдє фєхудт. (Е. Кошевая) 206 ФЄЛТЄРЄН. Рафыссут текст ємє єрєвєрут єрхєцєн нысєнттє. ДЗЄБИДЫРДЗУАНЫ. Тедо хъуыды кодта єрмєст дзєбидырыл ныртєккє йє расхъиуын кєндзєн Топп хєрдмє систа ємє ныхъхъавыд... Цы дзєбидыры снысан кодта уый базмєлыд сыстад ємє єр- хуыссыд иннє фарсыл. 128
Тедо банхъєлмє каст йє єрсабырмє ныхъхъавыд ногєй фєлє євєндонєй єруагъта топп фєстємє: цы дзєбидыр сны- сан кодта уый райдыдта хъазын ахєм хъазт та уыны стєм- цуанон дзєбидыр йє фєстаг къєхтыл слєууыд йє сєр бынмє афтє йєхи раппєрста дєлиау иннємє тєккє лєбырды сєрыл чи слєууыд уымє Дардмє фехъуыст сє сыкъаты къєрцц Дєл- лаг дзєбидыр тынг хъазуатонєй баурєдта уєлладжы цєф Аивтой знєгтє оє бынєттє Ноджы та иу ахєм мєстЫ гєпп диссаджы сыкъаты къєрцц ємє та хъєбєр урєд уєлладжы цєфєн. Ємє та аивтой сє бынєттє. Нє зонын цас ма уыдаид уыцы тыхєвзарєн хъазт Тедо йє куынє фєцыбыр кодтаид уєд Цуаноны сєры бацыд хинєй- дзаг хъуыды: сфєнд кодта иу єхстєй раппарын дыуує дзєби- дыры дєр фєнд раст уыди. Уєллаг дзєбидыр фєстаг къєхтыл куы слєууыд ємє фєстємє куы фєцыд стыр гєпп ракєнынмє уєд Тедо фехста дєлладжы єм& дыууєйыл дєр цуаноны хин єрцыд Дєллаг топпы нємыгєй фєцєф уєллагєн нал фєцис ныхмєлєууєг ємє расхъиудта йе ’знаг ємбалимє дєлємє. (Къоста) 9. Бязырты А.
ЄВЗАДЖЫ ТЫХХЄЙ ИУМЄЙАГ ЗОЕИНЄГТЄ ЄВЗАДЖЫ АХАДЫНДЗИНАД ЄХСЄНАДЫ ЦАРДЫ Адєймаг йє хъуыдытє єндєр искємєн фєзєгъы євзаджы руаджы, дзырдты руаджы. Алы євзагєн дєр ис дзырдуат, ємє дзырдты кєрєдзийыл цы фєткойтєм гєсгє абєттынц, уыдоньв къорд, ома грамматикє. Цас искєцы адємєн сє материалон ємє духовон культу- рє размєдзыддєр уа, уыйас се ’взаджы дзырдуат дєр хъєз- ныгдєр уыдзєн. Ахъуыды ма кєнєм, фыццагон адєймаг цып- пар-фондз мин азы размє куыд цардаид ємє йе ’взаджы цавєр ємє цал дзырды уыдаид, ууыл. Рагон адєймаг цард дыргътє- ємбырд кєнынєй, цуан кєнынєй, фос дарынєй ємє примити- вон зєххыкуыстєй. Иє дарєс хуымєтєджы тын ємє цєрмт- тєй конд, йє цєрєнуат цєрмттєй кєнє нымєттєй конд цатыр* йе та дурєй кєиє хъєдєй примитивон коид. Иє кусєн ємє хєстон мигєнєнтє дєр хъєдєй, дурєй, бронзєйє... Уєды заманы євзєгты дзырдуаты уыдысты єрмєстдєр* сырдты ємє иуєй-иу хєдзарон фосы ємє мєргъты нємттє, хъєддаг дыргъты ємє халсары нємттє, цєрєгойты буары уєнгты нємттє (сєр, цєст, зєрдє...) єрвон буєртты нємттє (хур, мєй, стъалы, мигъ...), зєрдєйы єнкъарєнты нємттє* (цин, хъыг, маст, уарзын...), дзыллєйон ахастыты ємє уавєр- ты нємттє (уацайраг, фєтєг, мыггаджы хистєр, цуанон, єрвад, єфсымєр, каис.) ємє єндєр предметты, миниуджыты ємє архайдтыты нємттє. Фєлє уєды євзаджы дзырдуаты нєма уыд математикон терминтє, хими, физикє ємє єндєр ахєм ахуырадты дзырдтє; нєма дзы уыдысты фєстєдєр фєзынгє хъєууон хєдзарады ємє сєудєджерады терминтє, дзырдтє. Ныртєккє мах нє алыварс цы уынєм, уыдонєй радио, ки- но, телевизор, лавсан, капрон, хєдтєхєг, вертолет, комбайн, бульдозер ємє єндєртє, — дунейыл фєзындысты хєрзєрє- джы, ємє фыццаг заманты не ’взаджы уыцы дзырдтє дєр нє уыдысты. 130
Єхсєнады сконд куыд ивы, афтє ивы євзаджы дзырдуат дєр. Феодализмы дуджы дзырдтє єлдар, цагъар, фєсдзєуин, цагъайраг. паддзах, бегара, кєвдєсард, номылус, хъалондару ныккєнды дарын ємє єндєр ахємтє нє алыбоны царды нал хъєуынц ємє сє бирєтє зонгє дєр нал кєнынц; єрмєст ма сє чингуытєй цы базонынц, уый йедтємє. Октябры революцийы агъоммє, капитализмы заманы дзырдтє: пъырыстыф, асаули, стражник, хъадамантє, батрак, єххуырст, банкир, капиталист, буржуй, диакъон, моладзанг лєскъ, илци, тєлєт, ирєд ємє єндєр ахємтє нє алыбоны ца- рды нал ємбєлынц, ємє сє євзонг адємєй бирєтє дзєбєх ємбаргє дєр нал кєнынц; єрмєст ма фєсарєйнаг капитали* стон бєстєты кєнє нєхи раздєры царды койгєнгєйє бахъє- уынц ахєм дзырдтє. Советон дуджы, ног єхсєнадон цардєвєрды— социализмы заман дєр, фєзынди ног дзырдтє колхоз, совхоз, сєрдар, соце- рыс, бригад, коллектив, стахановон, конференци, хъєусовет,. райсовет, єххєстком, партком, профцєдис, шеф, пионер, фєс- комцєдисон, пенси, алимент ємє єндєр ахємтє. Уыдонєй пай- да кєнынц адєм сє ныры царды. Кєд уыди фыццаг заманы Ирыстоны фєллойгєнєг адємєн сє зєронды бои пенсийы кой,. кєнє йє рынчыны бон. бюллетены кой, кєнє йє хорз куысты тыххєй премийы кой? — Нє уыди, ємє не ’взаджы уыцы дзырд- тє дєр нєма уыдысты, — афтє иннє ног дзырдтє дєр. Єхсєнадон ахастытє євдисєг дзырдтє куыд ивынц социа- лон ивындзинєдтимє, афтє ивынц куысты ємє транспорты мигєнєнты дзырдтє техникон ивындзинадимє бастєй. Октябры революцийы размє примитивон техникє євди- сєг дзырдтє дзывыр, саргъ, дзылар, гутон, дзыргъа, єхтонг; сахсєн, хордзен, чъиларазєн, дзопс, нєрв ємє єнд. кєиє бын- тон фєтары сты, кєнє ма сє пайда кєнынц хєрзыстєм хатт. Ныры заманы ног куысты ємє транспорты бєрзонд техникє євдисєг дзырдтєй та не ’взаджы сфидар сты автобус, мото- цикл, трактор, комбайн, экскаватор, булдозер ємє єнд. Фєлє ис ахєм дзырдты къордтє дєр, ємє євзагєн йє ис- торийы дєргъы баззайыиц удыгасєй, фєпайда дзы кєнынц. адєм цалдєргай мин азты дєргъы. Єрхєссєм цєвиттонтє: Ироиау — стъалы, рагон индиагау єртє-цыппар мин азы размє — стар, хеттагау єртє мин азы размє — ишттар, лати- нагау дыуує мии азы размє — стелла, бердзенагау дыуує-єр- тє мин азы размє — астер, немыцагау — штерн. Иронау — хур, рагон ирайнаг євзаджы дыуує-єртє мин азы размє — гъвар, рагон индиагау — сурйа, рагон латинагау — сол, уырыссагау — солнце. Иронау хо, хєрєфырт (ома хойы фырт), рагон ирайнагау — гъвагъар, рагон индиагау — свасар, уырыссагау — сестра, Иронау фондз, рагон индиаг — панча, рагон бердзенагау — пинта, уырыссагау — пять. 131
Афтє адєймаджы буары уєнгтє, нымєцтє, бинонты ємє хєстєджыты терминтє (арм, дєс, фыд, єрвад, ды, єз ємє єндєр ахємтє) євзаджы ахєссынц къорд сєдєгай азты, єр- мєст дзы иуты єрцєуы исты фонетикон ивындзинєдтє. Кєд ємє дзырдуат ивы єхсєнады, техникєйы, ахуырады рєзынимє дєсгай ємє сєдєгай азы дєргъы, уєд грамматикон формєтє афтє тагъд нє ивынц. Рацєуы бирє сєдєгай азтє, цємєй исты хауєны кєнє цєсгомон кєрон (флекси) аива. Раздєр буржуазон ємє феодалон лингвисттє (євзаджы дєснытє) амыдтой, цыма Африкєйы, Азийы ємє єндєр конти- нентты ис ахєм фєстєзад адєм, ємє се ’взаджы пайда кєнынц єрмєст 300—400 дзырдєй, фєлє уыцы хъуыды раст нєу. Ахєм чысыл нымєц дзырдтимє євзєгтє зєххыл нє разынд. Уыцы хъуыды у колонизаторты хъуыды, цы адємы эксплу- атаци кєнынц, уыдоныл мєнг фаутє євєрынєн. Сєудєджерад, базарад, хъєууон хєдзарад, аивад, хими, медицинє єм.є єндєр ахуырадтє размєдзыд цы бєстєйы уой, уым, кєй зєгъын єй хъєуы, се ’взєгты дзырдуєттє дєр хъєздыгдєр уыдзысты, оє- дєгай мин дзырдтє дєр сє разындзєн. Фєлє исты євзаджы, цы дзырдтє ис, уыдоны се ’ппєты иунєг адєймаг нє базоны. Психологтє афтє нымайынц, ома сывєллонєн вєййы — 3600 дзырды бєрц, 14-аздзыдєн вєййы йє дзырдуаты — 9000 дзырды бєрц, ас адєймагєн та 20-30 мин дзырды бєрц. Цас фылдєр адєймаг архайа адємы єхсєн, цас фылдєр ахуыр кє- на, цас йє зонынад бєрзонддєр уа, уыйас йє дзырдуат уыдзєн хъєздыгдєр. Цас фылдєр євзєгтє зона адєймаг, уыйас йє хъуыдыкєнынад дєр ємє йє арєхстдзинад дєр уыдзысты па- рахатдєр ємє арфдєр. Чи цал єззаджы зоны, уал лєджы у — зєгъы адємон ємбисонд.
ИУМЄЙАГ ЄМБАРЫНАД ЄВЗЄГТЫ ХЄСТЄГДЗИНАДЫ ТЫХХЄЙ Ироп адєм цєрынц Кавказы цемтралом хайы. Сє алыфарс та цєрынц єндєр євзєгтыл дзурджытє — скєсєнырдыгєй мєхъєл, хуссарырдыгєй гуырдзы, ныгуылєнырдыгєй балхъар, цєгатырдыгєй кєсєг ємє уырыс. Уыдонєй уєлдай ма Кавка- зы адємтєй бирєтє дзурынц ногъайаг, хъуымыхъаг, сомихаг, адыгейаг, азербайджанаг, лекъаг, авайраг ємє єндєр євзєг- тыл. Цємєй уыцы бирє євзєгтыл єнцондєр афєлгєсєн уа, уый тыххєй сє фєкъордтє кодтой. Алы иу къорды дєр бахаудысты, сє дзырдуєттє ємє грамматикєтє кєрєдзимє єввахсдєр кє- мєн разындысты, уыцы євзєгтє. Ємє алы къорды дєр схуыд- той иу номєй. Иу номєй схуыдтой ирайнаг євзгєты къорд: ирон, курдаг, таджикаг, рагон скифаг, рагон алайнаг, нырыккон ирайнаг A935 азмє йє хуыдтой персайнаг), белужаг Пакистаны ємє єндєр євзєгты; кєд кєрєдзимє дард цєрынц, уєддєр ранымай- гє ирайнаг євзєгты къорды фєхонынц хєстєг євзєгтє дєр; сє дзырдты сконд ємє грамматикєйы миниуджытє сын єввахс кєй сты, уый тыххєй. Ахєм євзєгтєн вєййы иумєйаг дзырдтє ємє иумєйаг грамматикон формєтє — хауєны, нымєцы, цєс- гомы формєтє. Мєнє иуцалдєр цєвиттойнаг иумеейаг дзырды: иронау ирайнагау скифагау таджикагау курдагау рагон индиагау сєр сар сара сар сара ширас шарах царм чарм чарма чєр чєрм чарман цоиг чєнг чанг чаиг чєнг — хсар, тых хшатра, паддзахад хшатра шахр, горєт — 1 кшатра, паддза- хад | 133
Ирон суффикс -стон- (Ирыстон, Гуырдзыстон) рагон йрай- яаг ємє рагон индиаг євзаджы — стана (Хиндистан); уырыс- сагау -стан (Индостан. Узбекистан, Таджикистан) ємє єнд. Ирон суффикс -он, рагон ирайнаг євзаджы -ана. Зєгъєм: «Бактриона», Согдиана, ир-он, кєсг-он, мєхъєл-он, ирон ар-, гъєутты та аллон-биллон ємє єнд. Євзєгты дзырдуат ємє грамматикон формєтєй ахуыр- гєндтє раиртасынц хицєн євзєгты хєстєгдзинад, ємє єр- вахсдєрхєстєг євзєгты къордтєй раиртєстой ахємтє: славайг наг євзєгты къорд — уырыссаг, украииаг, белорусаг, польшє- йаг, болгайраг ємє єнд.; тюркаг євзєгты къорд — тєтєйраг, туркаг, ногъайаг, хъуымыхъаг, балхъайраг, хъєрєсейаг, хъыр- гъызаг ємє єнд.; гермайнаг євзєгты къорд — немыцаг, англи- саг, голландаг, даниаг ємє шведаг; кавказаг-ибераг євзєгты къорд — гуырдзиаг, абхазаг, кєсгон, цєцєйнаг, мєхъєлон ємє єндєр євзєгтє. Афтє дунейы євзєгтєй бирє єввахсхєстєг євзєгты къордтє ис. Уыцы єввахсхєстєг євзєгты къордтєй та рєзы євзєгты системєтє кєнє євзєгты мыггаг (бинонтє), сє дзырдуаты ємє сє грамматикєты иумєйаг элементтє кємєн ис, уыдонєй. Афтє ирайнаг, славайнаг, гермайнаг, ромайнаг, санскрит ємє єндєр євзєгты къордты иумєйаг номєй хонынц индоевропє-: йаг євзєгты системє кєнє индоевропєйаг євзєгты мыггаг. Мєнє иуцалдєр дзырды уыдоны хєстєгдзинад равдисы- нєн: иронау уырыссагау немыцагау латинагау грекъагау санскритагау мад, мадєл мать Муттер матер метер мата фыд, фыдєл — Фатер патер патер нита ходыгъд дочь Тохтер . . . тугатер духита дыуує два цвай ДО дуо дува ды ты ДУ ту ту твам Уєдє ирон євзаг дунейы євзєгты єхсєн цы бынат ахсы, зєгъгє, куы бафарстєуа, уєд ын ис афтє дзуапп радтєн: ирон євзаг йє дзырдуаты бындурон скондєй ємє грамматикон фор- мєтєй нымад цєуы индоевропєйаг євзєгты мыггаг ирайнаг євзєгты къордєй иуыл. 134
ЙЙДОЁВРОПЄЙАГ ЄбЗЄГТЛ* Гермайнаг євзєгты къорд, Ныгуылєн ємє Цєгат Европєйы Ромайнаг євзєгты къорд, Хуссар Евро- пєйы Славайнаг євзєгты къорд. Хурыскєсєн Европєйы Индоариаг кєнє ирайнаг євзєгты къорд, Кавказ, Астєуккаг Ази, Иран, Инди Єндєр євзєгты къордтє немыцаг латинаг уырыссаг Санскрит грекъаг англисаг (V єнусы онг) украинаг (єртє мин азы сомихаг голландаг италиаг белорусаг размє Индийы) . . , . даниаг французаг польшєйаг скифаг . . . , шведаг... испаинаг чсхаг (дыуує мин азы португалиаг болгайраг размє Карпатєй руминаг (Х-Х1 єнусы дєр Алтайы хєхтєм) (V єнусы размє ма уыдысты иу ирон уыдысты лати- євзаджы диалекттє) курдаг наджы диалекттє) ирайнаг таджикаг афгайнаг.. 8
ИРОН ЄВЗАДЖЫ ИСТОРИЙЄ Историктє, лингвисттє ємє археологтє зєгъынц, ома ра- джы заманты скифты байзєддаг алаитє ’бафтыдысты Цєгат Кавказы хєхтєм, стєй уым ємдзєринтє баисты бынєттон, або- ригенон, адємимє, ємє афтємєй равзєрд нырыккон ирон єв- заг. Уыцы фыдрагон бынєттон кавказаг євзагєн єнхъєл сты, ома уый уыдаид нырыккон мєхъєлон, кєсгон ємє абхазаг євзєгты єрвадєлои. Бирє єнусты дєргъы уыцы євзєгтыл дзурєг адємтимє цєргєйє, ирои адєм уыдонєй райстой ми- гєнєнтє, дарєс, цєхєрадоны халсар, царды єгъдєуттє, фоль- клорон уацмыстє, терминтє ємє єнд. Цєвиттон зєгъєм: иронау къах ємє къух,— цєцєйнагау каг ємє куйг, ирон был — суанон пъил ємє гуырдзиаг пъи- ри; ирон дзуар — гуырдзиаг джвари, ирон джитъри ємє гуыр- дзиаг къитри, ирон агуывз» — кєсгон гъєгуыбже, ирон атагъа — мєхъєлон атагъє, ирон Єфсати, суанон Апсат ємє абхазаг Ажуеупшаа; ирон бєх — мєхъєлон бахъ ємє бирє єндєр дзырдтє. Ноджы ирон євзагмє бацыдысты кавказаг хъєбєр зєлтє дєр — къ, пъ, тъ, цъ, чъ. Афтє ирон євзаджы дзырдуа- ты ємє фонетикєйы бацахстой ахсджиаг быиат кавказаг єв- зєгты миниуджытє. Ємє йє уый тыххєй иутє фєхонынц «дыу- уєєрдзон євзаг» — ирайнаг ємє бынєттон кавказаг. ИРОН ЄВЗАДЖЫ ДИАЛЕКТТЄ ЄМЄ Н ЫХАСЫЗДЄХТЫТЄ Дыуує адєймаджы, кєрєдзи євзаг куы нє зоной, афтє- мєй куы дзурой, уєд кєрєдзи нє бамбардзысты. Дыуує адєй- маджы. иу євзаджы диалекттыл кєрєдзимє куы дзурой, уєд кєрєдзи хъуыдытє бамбардзысты («єрмєст зынтєй), уымєн ємє диалектты дзырдуаттє ємє грамматикон формєтє бын- дуронєй зєгъгєйє иу уыдзысты. Ирон євзагєн ис дыуує диалекты: дыгурон диалект ємє ирон диалект. Дыгурон диалектыл дзурыиц Ирыстоны хурны- гуылєн бєстєйы — Дыгуры; ирон диалектыл та — Ирыстоны хурыскєсєн бєстєйы, Кавказы хєхты цєгатварс ємє хуссар- варс дєр. Дыгурон диалекты иуєй-иу предметтєн ис єндєр нємт- тє: єцєгєлон, — адєгкаг, аркъау, — аргъєвнє, гєккуыри — ємкъуєлхє, уырыдзы — єрхє; єлыг—єргъє, єхсон —¦ єтдор, хєбизджын — єхцин; комси — биа; нуры — бодєн, къалати — цетенє, цєнгєт — циуан, ныхас — дзыбанди, йеу — фадє ємє єнд. Дыгурон диалектєн ис йєхи сєрмагонд грамматикон фор- мєтє дєр. 136
Мивдисджыты ирон цєсгомон кєрєтты — стєм, — иккам, ємє — ой-йы бєсты вєййынц дыгурон — инан, — ианє, — онцє: Цєрдзыстєм — цєрдзинан Цєриккам — цєрианє Цєриккой — царионцє Ирои цєдисон хауєны кєрон — имє-йы бєсты дыгурон диалекты фєзєгъынц дзы/рд хєццє: ємбєлттимє — ємбєлтти хєццє. Ирон єддагбынєттон хауєны кєрон — ыл-ы бєсты дыгу- рон диалекты фєлєууы — бєл; бєхыл — бєхбєл, хохыл — хох- бєл. Диалектєн йєхи мидєг дєр сєдєгай азты дєргъы єрцєуы ивындзииєдтє хицєн бєстєты ємє кємтты. Уыцы ивындзи- нєдтє єрмєст фонетикємє куы хауой, арф куы нє фєцудын кєной євзаджы кєнє диалекты дзырдуат ємє граммати- кон формєтє, уєд ахєм бынєттон ныхас фєхоиынц ныхасы-. здєхт. Ирон євзаджы зыны дзауаг ныхасыздєхт Хуссар Иры- стоны. Уымєн ис, кєрєдзи ємбарынєн иыхдур чи нєу, ахєм. миниуджытє. Цєвиттонєн: дзауаг ныхасыздєхты литературон євзаджы мыртє ц єм<є дзы-йы бзесты фєзєгъынц ш ємє ж: цєуын — шєуыи цад — шад дзаума — жаума дзых — жых Ирон литературон євзагєн адємон поэт Хетєгкаты Къос*- та райста ирон диалект, скъолаты дєр ахуыр кєнынц лите- ратурон грамматикон формєтє, дзырдуат ємє фонетикє. Рє- стєг куыд цєуы, афтє литературон євзаджы дзырдуат хъєз- ныгєй-хъєзныгдєр кєиы куыд єндєр євзєгтєй єрбайсгє дзырдтєй, афтє ирон євзагєн йєхи диалекттє ємє ныхасыз- дєхтєй райсгє дзырдтєй дєр. ЄРХЄЦЄН НЫСЄНТТЄ Єрхєцєн нысєнтты нысаниуєг Адєймаг йє хъуыдытє ємє йе ’нкъарынад раргом кєны; єрмєст дзырдтєй нє, фєлє ма хъєлєсы уагєй — интоиаци- йє, паузєтєй ємє ритмєй. Интонаци ємє паузєтє фысты мидєг нысангоид цєуыиц єрхєцєн нысєнттєй афтє: 1. Абзац (ома ног рєихъ галиу кєроиєй иииє рєихъытєй рахизырдємдєрєй райдайын) фєнысан кєны ног хъуыдыты фєлтєр. 2. Стъєлф фєнысан кєиы, иу фєзындєй исты кєм загъ- дєуы, ахєм хъуыдыйы кєрон ємє таурєгъои иитонаци, ома кєронмє хъєлєсы фєныллєгдєр. 137’
3. Фарсты нысан амоны, истємєй кєм фарстєуы, ахєм хъуыдыйы кєрон ємє фєрсыиы интонаци, ома кєронмє хъє- лєсы фєбєрзонддєр. 4. Хъєры нысан амоны, єнкъарынадимє баст чи у, ахєм хъуыдыйы кєрои ємє исты зєрдєуаг євдисєг интонаци: цин — маст, хъєлдзєг — єикъард, тыхст — єнцой ємє єндєртє. 5. Бирєстъєлфыг фєнысан кєны ныхасы аскъуыд, хъуы- дыйы єнєфєуддзинад кєнє тыхджын єнкъарынад. 6. Къєдзыг нысан кєны хъуыдыйады аразєг лыстєгдєр хєйтты кєрон, иннємєй та нысан кєны исты предметты кєнє фєзындты ранымад. 7. Стъєлф къєдзыгимє фєнысан кєны, вазыгджын хъуы- дыйы мидєг цы хуымєтєгдєр сєрмагонд хъуыды вєййы, уый кєрон. 8. Дыстъєлф фєиысан кєны, дыстъєлфы фєстє лєууєг хай кєй ємбарыи кєны кєнє райхалы йє размє лєууєг ха- йы, уый. 9. Дыкъєдзыгтє февдисынц, се ’хсєн цы дзырдтє ис, уы- дон авторы кєй не сты, уый. 10. Къєлєттє февдисынц, се ’хсєи цы дзырдтє ис, уыдон бавєргє кєй сты, уый. 11. Тире фєиысан кєны, иуєй хъуыдыйєдты мидєг цы хєйтты ’хсєн ис, уьтдон ємныхєвєрд; иннємєй та — фєстаг хай разєй лєууєг хайы фєстиуєг кєй у, уый; аннємєй та фє- нысан кєны, дзырд уагъд кєй єрцыдис, уый. ЄРХЄЦЄН НЫСЄНТТЄ ЄВЄРЫН 1. Стъєлф. Стъєлф євєрдєуы таурєгъои хъуыдыйады кєрои. Скодта уазал зымєг. Мит ныууарыд. Єрємбєрзта йє уа- зал урс пєлєзєй хєхтє. Сосє фєндаг дєр єрєхгєдта. (Цо- махъ). Фиппаинаг. Стъєлф євєрдєуы иунєг бєттєджы — ємє, кє- нє, фєлє-\\ы размє дєр, кєд уыдонєй райдайы сєрмагоид хъуыдыйад, уєд. Иуцалдєр боны Бабызы дєр акодтой быдырмє. Фєлє абон Бабыз нал ацыд семє: хєдзары куыстытєм ныллєууыд. (Цомахъ) Єнхъєл- мє касти Сонамє. Ємє євиппайды уынгєй куы ссыди музыкєйы цєгъ- дын, уєд рауад уынгмє. (Цомахъ) , 2. Фарсты нысан. Фарсты иысан євєрдєуы фарстон хъуыдыйады кєрон. Цал фєллойбоны дын ис ацыйаз? Фиппаинаг. Домгєвазыгджын хъуыдыйады уєлємхєст хъуы- дыйад фєрсыны уагыл куы уа, уєддєр єппєт хъуыдыйады фєстє фар- сты нысан не ’вєрдєуы. Афєрсут ма йє, кєдєм цєуы, уымєй. Знон уа- рын уыдис єви нє, уый нє базыдтон. 138
3. Хъєры нысан. Хъєры нысан євєрдєуы хъєрон хъуыдыйєдты фєстє. Єгас цєуєд Фыццаг май! Хъєры нысан євєрдєуы, фє- дзєхст кєнє бардзырд цы хъуыдыйєдтє євдисынц, уыдоны ¦фєстє, хъєрон интонацийє сє куы фєзагъдєуы, уєд: Рухсмє єнєзивєг цомут єнгомєй! Дардмє дє хєддзуйы мацєуыл дом! (Къоста) Хъєры нысан євєрдєуы сидєнты, євастхъєрты, дзырдтє «о» ємє «нєй»-йы фєстє, кєд ємє сє хъєрон интонацийє загъдєуы, уєд. Хорз адєм! Тугцъир хицауад нал ыс. Паддзах Иикъала йє бынатєй єппєрст єрцыд. (Арсен) Нєй, нєй! Ма тєрс, — махмє ды Хъаны цард кєндзынє... (Къоста) 4. Бирєстъєлфыг. Бирєстъєлфыг євєрдєуы, цємєй равдыстєуа, ныхас кє- «є хъуыдыйад фєуд кєй нєу, уый; ноджы ма йє євєрдєуы скъуыддзєгтє хъуыдыйады, кєцы ныскъуыддзєгтє вєййы йє дзурєджы зєрдєйы фєтыхсты аххосєй, йе та єндєр истєй тых- хєй. Асиат (хъєбыс кєны): Цєй бирє фыдєбон федтон ацы сахатмє бєлгєйє! Цал єфхєрды, цал зыны... Фєлє мє ныр куы <гйрох сты, Пупє! (Елбыздыхъо) — Мєнє, мєнє мє сидзєр сабитє... — ныккуыдта ємє єр- хауди, усы раз єрзоныгуыл кодта, хъавыди йын йє дарєсы кє- ронєн апъа кєнын. (Цомахъ) 5. Къєдзыг. Къєдзыгєй хицєн кєнынц ємхуызон уєнгтє, кєд ємє се Ъссєн нє уа бєттєгтє, уєд. КолхЪзонтє єртє къуыримє єркарстой, банай кодтой, ныс- сыгъдєг кодтой ємє бафснайдтой сє хортє. Къєдзыгтє євєрынц ємхуызон уєнгты єхсєн, кєд ємє уыдон кєрєдзийыл баст цєуой дихгєнєг бєттєгты руаджы, уєд. Ныр дєу чи хєссы, Уый йє лєджыхъєд Мемє бавзарєд, Кєд хуыздєр у, уєд! Ие — йє топпєй хазт, Йе — йє бєхыл бадт, Ие — йє кєсгон кафт, Йе — йє цєгъдгє зард!.. 139
Фєлє ємхуызон уєнгтє баст куы уой ємныхдзинад євди- сєг иугай бєттєгтєй, уєд ахицєнгонд цєуынц къєдзыгєй: Уасо хорз кусы, фєлє сындєг. Къєдзыгєй рахицєн кєнынц сидєнтє, кєд ємє сє (ныха- сы мидєг) хъєрон интонацийє нє загъдєуыд, уєд. Тызмєгєй мєм ма кєс, Мє фыды зєронд, Дє зєрдємє ма хєсс Мє зєрдєйы конд! (Къоста) Къєдзыгєй рахицєн кєнынц бавєргє дзырд кєнє хъуы- дыйады, кєд ємє не ’рцєуа хицєнгонд тире кєнє къєлєттєй (кєс дарддєр),уєд. Гыццылєй єз, хъуыды ма йє кєнын, кафын бирє уарзтон. Къєдзыгєй рахицєн кєнынц євастхъєрты, хъєрон интона- цийє кєй фєзагъдєуы, уыдонєй фєстємє. О, уєрєйдє, Фсати! (Къоста) Къєдзыгєй рахицєн кєнынц дзырдтє: «о», «нє», «нєй». — Знон куыстай? — 0, знон рувгє кодтон нартхоры хуым- тє. — Знон киномє нє бацыдтє? — Нє, знон мє нє равдєлд куыстєй. Къєдзыгєй рахицєн кєнынц иртєстгонд ємхасєн, єрмєст цы дзырдты фембарын кєны, уыдоны хєд фєстє уєвгєйє. Нє хъєугєрон царди Быдтаты Егна, цуанон. (Гафез) Бабыз, Дєхцийы ус, архайдта арынджы цур, хєдзары къуы- мы. (Цомахъ) Сона, се ’хсєрдєсазыккон чызг, єрзоныгуыл кодта артдзє- сты фарсмє ємє суджы къєцєлты євєрдта фєздєгкалгє ар- тыл. (Цомахъ) Къєдзыгтєй рахицєн кєнынц иртєстгонд фадєттє. Инал єрємбєхсти дуры аууон, йє фыды фарсмє, йє хє- ринєгты баст йє риумє нылхъивгєйє ємє фашистты топпы нємгуыты зыгъ-зыгъмє хъусгєйє. Къєдзыгєй рахицєн кєнынц алыхуызон иртєстгонд здєх- тытє, кєцытє рєзынц дзырдтє уєлдайдєр, тынгдєр, йедтємє, суанг, дєлємє, ардєм ємє єндєр ахєм дзырдты руаджы. Паддзахадтє иууылдєр, Советпон Цєдис ємє Адємон демократон бєстєтєй фєстємє,євзарынц ныр уєззау экономикон кризис. Ацы аз нє колхозы мєнєутє диссаджы хорз єрзадысты, уєлдайдєр хосєй бапырхгонд рєтты. Къєдзыгєй ахицєн кєнынц, бабєтгєвазыгджын хъуыдыйад кємєй рєзы, уыцы хуымєтєг хъуыдыйєдты. 140
Арвыл иу мигъы гєбаз дєр нє уыд, ємє хур хъєлдзєгєй касти. Куы хур єркєсы зєхмє, куы ногєй райдайы къєвда. Къєдзыгєй рахицєн кєнынц уєлємхєст хъуыдыйєдтє. Райдыдта талынг кєнын, єз быдырєй нєхимє куы єрба- хєццє дєн, уєд. Фиййау йе ’ккой иу дынджыр лєдзєг, афтє- мєй фыстырдєм фєцєйцыд. Фиппаинаг. Ємхуызон уєлємхєст хъуыдыйєдты бєттєгтє ємє, кєнє иугєйттєй куы бєттой, уєд сє къєдзыгєй хицєи кєнын нє хъєуы. Зєронд лєг радзырдта, куыд єфхєрдтой єлдєрттє фєл- лойгєнджыты ємє куыд мєгуыр цард кодтой адєм уыцы рєстєджы. Къєдзыгтєй ахицєн кєнынц, єнєбєттєг вазыгджын хъуы- дыйад кємєй рєзы, уыцы хуымєтєг хъуыдыйєдтє, кєд ємє сє иу рєстєджы кєнє кєрєдзийы фєстє цєуєг фєзындты кой уа, уєд. Къаннєг хъєу хохрєбын баныгъуылд, донєн йє сєр-сє- рєй арауы ком. (Плиты X.) Райдзаст хур айнєгыл аныгуылд, фиййєуттє 9рыскъєрдтой хизєнтєй хъом. (Плиты X.) 6. Стъєлф къєдзыгимє. Стъєлф къєдзыгимє євєрдєуы даргъ ємхуызон хєйттє ахицєн кєнынєн, уєлдайдєр ма уыцы даргъ хєйтты мидєг къєдзыгтє куы вєййы, уєд. Талынджы мє цєстытє тыххєй євзєрстой єнєбєрєг пред- меттє: чысыл єддєдєр сау къул, сау змєлгє тєппытє; мє хєд цур бєхы синтє, кєцы цыди йє къєдзил тилгє ємє хєлиу исгєйє йє фєстаг къєхтє, фєсонтє урс цухъайы, йє уєлє дзой-дзойгєнєг топп сау агъуды. (Л. Толстой) 7. Дыстъєлф. Дыстъєлф євєрдєуы ємхуызон уєнгты размє, кєд ємє сє размє иугєнєг дзырд уа, уєд. . Нє колхозы цєхєрадоны зайы алы дыргътє: фєткъуытє, кєрдотє, єхсынцъытє, чылауитє, балтє ємє єндєртє. Октя- бры революцийыл 50 азы сєххєсты номыл соцерыс цєуы кєм- дєриддєр: колхозты, фабрикты, рынчындєтты ємє єндєр рєт- ты. Дыстъєлфєй ахицєн кєнынц, єнєбєттєг вазыгджын хъуы- дыйад кємєй рєзы, уыцы хуымєтєг хъуыдыйєдтє, кєд дык- каг хъуыдыйадєн уа бєлвырддєр кєныны кєнє аххосы ныса- ниуєг. Сєрды єнтєф бонты бєхтє фєхизынц єхсєв: бон сын бын- дзытє ємє къогъотє єнцой нє дєттынц. Євзєр рєстєг скод- та: уазал, мит, тымыгъ. (Цомахъ) 141
Дыстъєлф євєрдєуы комкоммє ныхасы размє авторы дзырдты фєстє. Хетєг бафарста бригадиры: «Райсом кєм кусдзыстєм?> Ахуыргєнєг мє бафарста: «Искуы бакастє «Робинзон Крузо»?’ 8. Т и р е. Тире євєрдєуы ємхуызон уєнгты фєстє, кєд уыдон фєс- тє иугєнєг дзырд уа, уєд. Адєм, сырдтє, гыццыл цъиутє — Алчи куысты сєр лєууы. (Ємбалты Ц.) Тире євєрдєуы єнєбєттєг вазыгджын хъуыдыйады, кєд ємє фыццаг хъуыдыйад уа афоны кєнє бадзырдон дыккагєн, кєд фыццаг ємє дыккаг хъуыдыйєдты уа ємныхдзинад, кєнє та хъуыдыйєдты куы уа, кєрєдзи тагъд чи ивы, ахєм фєзынд- ты кой, уєд. Бирє мит єруарыди — бирє хор уыдзєн. Сєрд бацєттє кєны — зымєг бахардз кєны. Тире євєрдєуы авторы дзырдты рахицєн кєнынєн, кєд комкоммє ныхасы мидєг кєнє йє фєстє лєууой, уєд. «Сабырдєр чысыл», — ахъєр кодта адємырдєм. (Цомахъ) «Ма йыл єууєндут! — баппєрстаг йєхи ахуыргєнєг. — Уый паддзахы къєбылатєй у». (Арсен) Тире євєрдєуы дыуує дзырды єхсєн, истєй бєрц куы єв- дисой, уєд. Ацы бєласыл цєудзєн дєс — дыууадєс азы. 9. Д е ф и с. Тире дзырдтє хицєн кєны, дефис та дзырдтє бєттєгау кєны. Дефисєй баиу кєнынц ємхасєнты се ’мбарынгєнинаг дзырдтимє. Телефон-автомат; колхозон-стахановон; Ерыстау-єлдар. Дефисєй баст вєййынц мєнє ахєм дзырдтє дєр: зылын- мылын, сєпп-сєпп, къєдз-мєдзытє. 10. Къєлєттє. Къєлєттєй рахицєн кєнынц бавєргє дзырдты ємє хъуы- дыйєдты. Уєд махмє снысан кодтой иу лєппулєджы, хъєздыг щмє уєздан мыггагєй (нє мє фєнды йє ном зєгъын). (Пушкин) 142
11. Дыкъєдзыгтє. Дыкъєдзыгтє євєрдєуы комкоммє ныхас рахицєн кєны- нєн. «Хетєгкаты Къоста уыди ирон литературєйы бындурєвє- рєг», — дзуапп радта ахуыргєнинаг. Дыкъєдзыгты бакєнынц автортє искєй дзырдтє, сє тексты спайдагєнгєйє ємє дзырдтє єндєр нысаниуєгимє исгєйє. Хъуды комы єлдар сайгє-сайгє хъалон исын байдыдта. «Мєсыг хи дурєй сєтты» — сєхицєй дєр ын бирє єххуысгєн- джытє разындис. (Секъа) Сє «хуыэдєр» лєгты сын моураутє, хицєуттє, баурєдта. Ам, хуыздєртє, зєгъгє, автор хоны сє тєккє налатдєр ємє єдзєсгомдєрты бахудєгау. Фєлтєрєнтє —5, 6, 9, 11, 12, 15, 19, 22, 23, 26, 29, 33, 36, 41, 42, 43, 54, 55, 56, 57, 62, 63, 66, 69, 72, 74, 76, 78, 82, 86, 93, 96, 100, 104, 105, 107, 109, 114, 115, 117, 121, 123, 125, 126, 127, 129, 132, 133, 152, 155, 156, 158, 159, 162, 164, 165, 166, 167, 168, 176, 178, 180,183, 185, 187, 189, 190, 199 ныффыста Бязыр- ты Батрадз.
СЄИРЄГТЄ ХУЫМЄТЄГ ХЪУЫДЫЯАДЫ СИНТАКСИС ХЪУЫДЫЙАДЫ ТЫХХЄЙ ЄМТКЄЙ ЗОНИНЄГТЄ I. Рацыд єрмєг зєрдыл єрлєууын кєнын § 1. Хъуыдыйад 4 § 2. Хъуыдыйады сєйраг уєнгтє ....... 5 § 3. Хъуыдыйады фєрссаг уєнгтє . 7 § 4. Хуымєтєг цыбыр ємє хуымєтєг даргъ хъуыдыйєдтє ... 9 § 5. Таурєгъон, фарстон ємє хъєрон хъуыдыйєдтє . .10 § 6. Логикон цавд 13 II. Дзырдбаст ємє хъуыдыйад § 7. Дзырдты бастдзинад хъуыдыйады мидєг. Сєйраг ємє дєлбар дзырдтє 14 § 8. Бабєтгє ємє домгє бастдзинад ..... 16 § 9. Домгє бастдзинады хуызтє. Ємбаст 17 § 10. Ємарєзт 18 § 11. Єфтыдад 19 III. Хъуыдыйады сєйраг ємє фєрссаг уєнгтє Дыуує сєйраг уєнджы кєм ис, ахєм хуымєтєг хъуыдыйєдтє § 12. Цавєр ныхасы хєйттє вєййынц сєйратєй .... 22 § 13. Хуымєтєг ємє вазыгджын зєгъинєгтє ..... 24 § 14. Вазыгджын зєгъинєгты сконд. Тире вазыгджын зєгъинаджы . 25 § 15. Номон дзырдтєй арєзт вазыгджын зєгъинєгтє ... 27 § 16. Мивдисджытєй арєзт вазыгджын зєгъинєгтє ... 29 § 17. Сєйрат ємє зєгъинаджы бастдзинад 32 § 18. Хъуыдыйады фєрссаг уєнгтє. Єххєстгєнєн .... 34 § 19. Бєрєггєнєн 36 § 20. Ємхасєн 39 § 21. Фадєттє 40 § 22. Афоны фадат 41 § 23. Бынаты фадат 42 § 24. Архайды хуызы фадат 44 § 25. Єфсоны фадат 45 144
§ 26. Нысаны фадат 46 § 27. Фадєтты бастдзйнад зєгъинагимє 47 IV. Дзырдты рєнхъєвєрд хъуыдыйады § 28. Бєрєггєнєны бынат 49 § 29. Сєйраты бынат 50 V. Иу сєйраг уєнг кєм ис, ахєм хуымєтєг хъуыдыйєдтє § 30. Бєлвырдцєсгомон хъуыдыйєдтє 54 § 31. Єбєлвырдцєсгомон хъуыдыйєдтє 55 § 32. Єнєцєсгомои хъуыдыйєдтє 56 § 33. Номхуыидон хъуыдыйєдта; 59 VI. Єнєххєст хъуыдыйєдтє § 34. Єххєст ємє єиєххєст хъуыдыпєдтє ’ . 61 VII. Хъуыдыйады ємхуызон уєнгтє § 35. Ємхуызои уєигтє 64 § 36. Ємхуызоп бєрєггєнєитє 66 § 37. Хъуыдыйады ємхуызон уєпгты бєттєгтє .... 68 § 38. Єрхєцєн нысєнттє хъуыдыйады ємхуызон уєнггимє • . 69 § 39. Ємхуызон уєнгты иугєнєг лзырдтє. .... 71 VIII. Хъуыдыйєдтє сидєнтимє ємє бавєргє дзырдтнмє § 40. Хъуыдынады уєнгтимє грамматикои бастдзииад кємєн нєй, уыцы дзырдты нысаниуєг 73 § 41. Сидєн 74 § 42. Бавєргє дзырдтє ємє хъуыдыйєдта* 7Г> § 43. Дзырдтє о, нє, нєй хъуыдыйады райдайєны ....’’ V § 44. Євастхъєртє хъуыдыйады . .... 78 IX. Иртєстгонд фєрссаг уєнгтє § 45. Хъуыдыйады иртєстгонд уєигтє • #0 § 46. Иртєстгонд фадєттє 82 § 47. Фєрссагмион здєхт 83 X. Комкоммє иыхас ємє фєрссаг ныхас §48. Комкоммє ныхас ємє фєрссаг ныхасы ємбарынад ... 85 § 49. Єрхєцєи нысєнттє. комкоммє пыхасы .... 85 § 50. Диалог 88 § 51. Комкоммє ныхас фєрссаг имчасєн ипын 89 10. Бязырты А. 145
Фєлхатт кєныны фєлтєрєнтє ВАЗЫГДЖЫН ХЪУЫДЫИАДЫ СИНТАКСИС XI. Рацыд єрмєг зєрдыл єрлєууын кєнын § 52. Вазыгджын хъуыдыйад 93 § 53. Бабєтгєвазыгджын ємє домгєвазыгджыи хъуыдыйєдтє . .97 XII. Бабєтгєвазыгджын хъуыдыйад § 54. Бєттєгтє бабєтгєвазыгджын хъуыдыйады 100 § 55. Єнєбєттєг бабєтгєвзаыгджын хъуыдыйад 101 XIII. Домгєвазыгджын хъуыдыйєдтє § 56. Сєйраг ємє уєлємхєст хъуыдыйєдтє 103 § 57. Бєттєгтє ємє бєттєг дзырдтє домгєвазыгджын хъуыдыйады . 104 § 58. Уєлємхєст хъуыдыйєдты хуызтє 106 § 59. Сєйраты уєлємхєст хъуыдыйад 108 § 60. Зєгъинаджы уєлємхєст хъуыдыйад .109 § 61. Єххєстгєнєны уєлємхєст хъуыдыйад 109 § 62. Бєрєггєнєны уєлємхєст хъуыдыйад 111 § 63. Архайды хуызы уєлємхєст хъуыдыйад 112 § 64. Бынаты уєлємхєст хъуыдыйад 113 § 65. Афоны уєлємхєст хъуыдыйад . . . . Ш $ 66. Єфсоны уєлємхєст хъуыдыйад 116 § 67. Нысаны уєлємхєст хъуыдыйад 116 $ 68. Бадзырдон уєлємхєст хъуыдыйад 117 $ 69. Ныхмєвєрды уєлємхєст хъуыдыйад 119 § 70. Єнєбєттєг домгєвазыгджын хъуыдыйєдтє .... 120 § 71. Домгєвазыгджын хъуыдыйад къорд уєлємхєст хъуыдыйєдтимє 121 XIV Фєлтєрєнтє єппєт синтаксисыл 124 XV Євзаджы тыххєй иумєйаг закъєттє 130 XVI Єрхєцєн • нысєнттє 137
АЛЕКСАНДР ХАРИТОНОВИЧ БЯЗЫРОВ ГРАММАТИКА ОСБТИНСКОГО ЯЗЫКА ЧАСТЬ II Синтаксис Учебник для VII и VIII классов бсгоаьбб^йо ьббо*(Пбоь бй гюслбсазо ПЬЭбО ОБОЬ &6Д8560Д& Ьобфо^ЬоЬ VII ^ VIII дедЬфооЬ ЬдЬдс?^(»)з*^ЗСГл (гоЬ$6 эОД))
Редактор М. В. Гучмазов Техп. редактор В. А. Тедеева Корректор А. И. Техов Сдано в набор 29/1Х 1975 г. Попдисано к печати 17/11 1976 г. Формат бу.\ 6Юх90’/1б. Уч.-изд. л. 7,7. Усл.-печ. л. 9,25. Тираж 8000 экз. Заказ № Цена 15 ксш. Издательство «Ирыстон» г. Цхипвали, ул. Ленина, 3. Юго-Осетинское полиграфическое промышленное объединение, г. II лали, ул. Московская. 5.