Text
                    НАХ Ш
Рауагъды аз XXII № 1. Январь, 1952 аз
АИВ-ЛИТЕРАТУРОН ÆМÆ ÆХСÆНАД-
ПОЛИТИКОН ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ АССР-ы СОВЕТОН ФЫСДЖЫТЫ
ЦÆДИСЫ ОРГАН
СÆРГÆНДТÆ
Ленины зарæг (адæмон) 5
Чочиты Резо— Мавзолей (радзырд) 7
И. Попов — Бинонтæ (драмæ) 13
Мамсыраты Д. — Кæсæгты балц (радзырд) • . 35
М. Хаким—Ныфсхаст (æмдзæвгæ) . . : 47
Дзарасути Г.—Дæуæн зарун (æмдзæвгæ) 52
Берозты Л.—Раст фæндагыл (радзырд) 53
Сол Гран—Кæл негр дæ (радзырд) 69
Гæлуаты А,—Поэтикон тæлмацты тыххæй (статья) 74
ДЗÆУДЖЫХЪÆУ 1952


МАХ ДУГ НАША ЭПОХА ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ ЛИТЕРАТУРНО-ХУДОЖЕСТВЕННЫЙ И ОБЩЕСТВЕННО-ИОЛИТИЧЕСКИЙ ЖУРНАЛ Орган союза советских писателей Северо-Осетниской АССР Бæрнон редактор ПЛИТЫ Гр. Редколлеги: АРДАСЕНТЫ X., ГУЛУТЫ А.. ХЪАЙТЫХЪТЫ Г.с ТОКАТЫ А.
ЛЕНИНЫ ЗАРÆГ Адæмон Цæй-ма, байхъусут, уарзон кæстæртæ, Иумæ бахъырнут хистæртæн цадæг: Иры урсзачъе зондджын зæрæдтæ Скодтой Лениныл кадгæнæн зарæг. Мах фæдар^дтой æлдæрттæ цагъарæй, Сау рæхыстæй нын не уæнгтæ бастой. Зондджын Ленины фарн æмæ ’хсарæй Кусæг адæм ныхасы бар райстой. Мах фæтох кодтам бирæ нæ бартыл, БондЖын хицау нæ талынджы дардта; Кадджын Ленины-Сталины парти Махæн цардмæ уæрæх фæндаг радта. Ленин, адæмы ракодтай рухсмæ, Фидар астæуы магъз сын ды уыдтæ. Рухсаг, рухсаг уай, Лениы, æнусмæ!— Царды рауагътай Марксы хъуыдытæ. Ленин мах фæллой бонджынтæй байста, Знæгтæн фехæлдта Леиин сæ фидар, Уый цагъарæн йæ къæлæт ныссаста, Стæй нын фарнимæ радт^ сæрибар. Уарзон Ленин куы ахицæн цардæй, Мах уæд басыгътой сау пысыратæ, — Кусæг адæм йæ фæдыл æнкъардæй Уынгтæм рахастой сау тырысатæ.
Бантыст адæмæн рухс амонд фенын, Абон ралæууыд цард-цины уалдзæг. О, ныммæлæн дын макуы уа, Ленин, Чи нæ бакодта Сталины уазæг! Бакуыста йыл Грис.
7 ЧОЧИТЫ РЕЗО МАВЗОЛЕЙ Сæрд уа, зымæг уа, кæд фæнды æрцу Мæскуымæ, дæ фыццаг. бæллицц уыдзæн Ленины мавзолеймæ бафтын. Цас дис- саджы фендтæгтæ уыдзæн дæ фæндагыл, фæлæ ды тагъд кæи- дзынæ Ильичы рухс цæсгом фенынмæ. Изæрæй æрæфтыдтæ Мæскуымæ, уæд дыл æхсæв ныддаргъ; хуыссæг дыл нал хæц- дзæн, бæллыс æрбабонмæ, цæмæй фестай æмæ тагъддæр араст уай Ленипы мавзолеймæ, феиай, иугæндзон, хурау худгæ, Ильичы цæсгом. Фæлæ фыЛдæр хатт афтæ рауайы, æмæ йæм бирæ аххосæгты тыххæй йæ уæлвæд нæ бафтыдтæ. Уæд ды райсом талынрйей фестадтæ. Тагъд-тагъд дæ дзаумæттæ акодтай, уынджы фев- зæрдтæ. Уым адæм дыууæрдæм улæнтæй цæуынц. Ды дæхиуыл фенæууæнк дæ æмæ дæхимидæг дзурыс: «Ау, байрæджы код- топ? Афтæ куы ’пхъæлдтон, зæгъын, мæнæй раздæр ничи ма сыс- тад, уæд фæрæдыдтæн?» Æмæ фыццаг кæмæ фæкомкоммæ дæ, уый бафарстай: — Дæ хорзæхæй, дæумæ та цас у рæстæг? Уый дын æй загъта æмæ дæумæ цас у сахат, уымæ дæр—уый бæрц. Дæумæ уæлдай дис фæкаст æмæ та демæ ныхасгæнæ- джы хынцфарст акодтай: — Хатыр мын бакæн, фæлæ ма улæфгæ » та кæд фæкæнут Мæскуыйы? Уый дæм бынтон ницы æмбарæджы каст æрбакæндзæн. Æниу æй базыдта, ды æрцæуæг адæймаг кæй дæ, уый, фæлæ йæм дæ фарст уæддæр дисау фæкæсдзæнис æмæ дæ уый дæр афæрс- дзæн: — Ды, æвæццæгæы, æрцæугæ адæймаг дæ, бахатыр кæн, фæлæ Мæскуыйы æхсæвæй-бонæй цард æхсидгæ кæны. Адæмты зæрдæ- йæн йæ бон нæу, æмæ æхсæв дæр ныллæууа йæ кусынæй. —Æмæ сывæдлоны фарст кæй радтай, уый тыххæй фефсæр- мы дæ,/дæ сæрæй йын ньшлæг акуывтай æмæ æвиппайды фæцæ- уæг дæ, цымæ ма дын исты хъыг ныхас куы зæгъа, уымæй фæ- тарстæ.
8 чочиты РЕза Дæ фæндаг акодтай Сырх фæзмæ. Иунæг ахæм хъуыдыйæ дæр: «Ленины фендзынæн», дæумæ цыдæр æнахуыр æнкъарæнтæ æвзæрдзæн. Баввахс дæ Сырх фæзмæ. Ныр æй ды хатыс, рæнхъы ды раз- заг кæй нæ уыдзынæ Ленины мавзолейы раз. Мæнæ Сырх фæзы Ленины мавзолей! Дæ зæрдæ тынгдæр сгуыпп-гуыпп кодта. Дæ ц^æстыты раз байгом цæмæ тырныдтай, уый. Алы хуызы мрамортæи арæзт мавзолей, авгау æрттивы, фæ- лæ йæ ныхыл фыст «ЛЕНИН» та адæймаджы зæрдæйыл æмбæ- лы хуры тынтау. Адæм рæнхъытæй Сырх фæзы айтынг сты. Дысон базыл да& сæр æруадзгæйæ, ды куыд хъуыды кодтай, ахæм хъуыдыгæч- джытæ дзæвгар уыдысты æмæ уыдонæй бирæтæ дæ разæй фес- ты. Уыдон ам, Мæскуыйы, ахæмтæ сты мингæйттæ, æрвылрай- сом Ленины фенын кæй фæнды. Фæлæ нæ Цæдисы, дунейы бæс- тæты та ахæмтæ сты сæдæгай милуантæ. Æрцæудзæн ахæм рæстæг, æмæ зæххы къорийы алы къуымтæй дæр Ленины уынын- мæ цæудзысты сæрибарæй. Кæй нæ бафæнддзæн йæ хуры фенын! Ныр дæм мæнæ дис кæсы, зæгъгæ, кæд æрцæудзæн мæ рад, æмæ Ленины цæсгоммæ бакæсон, фæлæ дæ уæд, æцæгæй, лæууын ба- хъæудзæни бирæ фылдæр. Æмæ ам диссагæй ницы уыдзæн, уы- мæн æмæ зæххы къорийыл хур дæр не ’ххæссы. Фæлæ æхсæвы фæстæ хурæн æнæскæсгæ куыд нæ ис, афтæ дунейы адæмтæн дæр Ленины ’мидбыл худгæ цæсгомæн æнæфенгæ нæй. Афтæ кæй уы- дзæн, уымæн æвдисæн—миллиарды æрдæджы бæрц китайаг адæм, уымæн æвдисæн—адæмон ног демократийы бæстæтæ дæр. О, ныр уал мæнæ р^ады кæронмæ ацыдтæ æмæ дæ бынат ба- цахстай, кæмдæр, Манежы цур. Чысыл фæстæдæр ды февзæрд- тæ сæдæгай адæймæгты разæй. О, цас сты Ленины фенынмæ цæуджытæ! Сæ кæрон ахызти Манежы фæзæй дæр. Æмæ дзы кæцæй нæ фендзынæ: хурскæсæнæй хурныгуылæны онг, цæгат ихджын океанæй хуссар- полюсы онг цæрæг адæм- тæй. Дунейы алы ’взæгтыл дзурæг адæмтæй ам, мавзолейы р’аз, минæвæрттæ кæй вæййы, уый бæр’æг у сæ ныхасæй, сæ буары хуызæй, сæ дарæсæй. Ардæм цæуынц фабрик-заводтк кусджытæ, сæ спецовкæты мидæг, æвæццæгæн, кæнæ куыстæй комкоммæ, кæннод та арды- гæй сæ куыстмæ, колхозон быдыртæй, наукон кусджытæ, фыс- джытæ, артисттæ, советон æфсады хæстонтæ æмæ афицертæ, студенттæ, скъоладзаутæ сæ формæйы мидæг... Чи сæ фæнымай- дзæн! Фæлæ мавзолеймæ цæуджытæн кæрон нæ вæййы Ленины мæ- лæн бон мысгæйæ. Адæмы уæд нæдæр уазал уромы, нæдæр тымыгъ. Мæнæ зæронд лæг йе ’фцæккотьгл бæрзонд схæцыд. Сызгъæринау æрттивгæ пъагонджын æвзонг афицер æй бафарста: — Суазал дæ, мæ фыды хай?
МАВЗОЛЕИ 9 — Цытæ дзурыс, кæм и уазал? Ильичы мæнæ ардæм, йе ’ну- сон æнцойгæнæн бынатмæ куы хастой, æцæг уазал уæд уыдис. О, уæды хуызæн уазæлттæ æз Мæскуыйы никуы федтон! Ком- улæфт их кодта, мæргътæ тæхгæ-тæхын æргъæвстысты. Фæла^ адæм уæддæр æнæскъуыйгæйæ цыдысты Ильичæн хæрзбон зæ- гъынмæ. Сæхицæн æртытæ кодтой уынгты æмæ фæзуæтты. Уæд махмæ зындис афтæ, цыма нын Ильич нæ зæрдæйы хъарм, нæ- хуры йемæ ахаста. Фæлæ нæ Ильич сидзæрæй нæ ныууагыа. Уый мах бафæдзæхста йæ кæстæр æфсымæр Сталиныл, йæхи хуызæн уарийыл æмæ нæ уый, дунётæн царддæттæг хурау, ба- тавта. Уый мах кæны размæ Ленины раст фæндагыл. Æмæ зæронд лæджы ахæм ныхæстæм хъусгæйæ, дæ зæрдыл æрбалæууыдысты 1941 азы ноябры уæззау бонтæ. Уæддæр уы- дис 1924 азы январы мæйау, уазал, фыд уазал. Знаджы хæстон техникæ Мæскуымæ æрбацæуæнты ныссалди, салдысты æфсæд- тæ дæр, фæлæ советон адæймæгтæ лæууыдысты фидар. Сырх фæзуатыл цыдис традицион æфсæддон парад. Сталин та, алыхат- тау, йæ хуымæтæг салдаттаг цинелы, иста æфсæддон парад. Уый йае^ раныхасы кæрон загъта: —Уадз æмæ уæ разæнгард кæнæд стыр Ленийы æнæбасæтгæ тырыса! Уыцы уæззау бонтьй советон адæм сæ кæрæдзийæн дзырдтой: — Уадз æмæ нæ разæнгард кæнæд Ленины—Сталины стыр.< æнæбасæтгæ тырыса!. Фæтæджы арфæтæм мах бафтыдтам фæтæгæн йæхи ном дæр, уымæн æмæ -нæ Ленин бафæдзæхста Сталиныл, уымæн æмæ Ленйн паддзахады науы руль радта Сталины домбай къухтæм. Кремлы къултæ мавзолейы сæрмæ æгомыгæй лæууыдысты, ар- гъæутты гæнахау, цыма йын дзырдтой: «Ленин нæ хъæбысы ис æмæ йæм мах знаджы не ’рбауадз- дзыстæм». Æмæ, æцæгæйдæр, Кремль æмæ Сталин, Ленины тьь рысайы бын, Райгуырæн бæстæйы бахъахъæдтой йæ тæссаг хъысмæтæй. Æрæджы уыдтæн фæстаг хатт Лейины мавзолейы. Мемæ уы- дис Николай Чехов, Петрозаводскаг. Фыдыбæсты стыр хæст куыддæр райдыдта, афтæ уый йæ риуы ’мбæрц æрлæууыдис знаджы раз. Николай Чехов хъахъæдта Мæскуыйы, уый-иу ам арæх уыдис, фæлæ уæд мавзолейы дуæрттæ уыдысты æхгæд. Ни. колайы хæстон фæндаг ра.йдыдта Мæскуыйæ. Цал фурды сæрты ахызт, суанг Берлинмæ бырсгæйæ! Николай Чеховимæ мах æрбынат кодтам «Европæйы». Уый Сырх фæзмæ у хæрз æввахс. Фæлæ цалынмæ уазæгдон хæдзарæй уырдæм цыдыстæм, уæдмæ мавзолейы раз лæууæг адæмæн сæ кæ-
10 ЧОЧИТЬ! РЕЗО. рон дæр нал зындис. Нæ бынат бацахстам. Уæд, дын, Николай, фæстæмæ фæкæсгæйæ, фæхъæр кодта: — Сашæ! Фæлæ Сашæ та уымæй ноджы тыыгдæр фæхъæр кодта: — Коля! Æмæ сæ кæрæдзийыл атыхстысты. Куыд рабæрæг, афтæмæй Александр Козлов хъахъæдта Ленинград æмæ Николайимæ фем- бæлдысты Гомелы. Салдаты хъысмæт ахæм у хæсты рæстæджы. Абон ам ис, фæлæ йæ улæн райсом кæм амидæг кæндзæн, уый йæхæ;дæг дæр нæ фæзоны. Николай дæо æмæ Александр ’ дæр кæрæдзиуыл куы сæрæй къæхтæм æрхæссынц сæ цæстæнгас, куы та къæхтæй сæрмæ: — Æз ма дæу фендзынæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн, фæлæ мæнгæй нæ бакæнынц: «Хох хохыл не ’мбæлы, уый йеттæмæ лæг лæгыл фембæлдзæн». — Уымæй раст зæгъыс, Николай, фæлæ де ’фсæддон дарæс цы фæкодтай? — Раластон æй, Сашæ. Кæд сæр бахъæуа, уæд та йæ скæн- дзынæн. Ныр ,та уал кæнын журналисты куыст. Мæнæ дын уый та мæ нæуæг зонгæ æмбал, Кавказæй. Хъуыддæгтæ нæ бирæ ис, фæлæ уал мах ратындзыдтам Ленины фенынмæ. Ды та кæцæй фæдæ? Ныфс мæ ис, æмæ мæм мæ бынатмæ æрбауайдзынæ æмæ нæ хабæрттæ фæкæнæм. — Æз ныртæккæ дæн Порт-Артуры. Æфсæддон куыст никуы ныууадздзынæн... —’ Дæуæй куы уаин, уæд æй æз дæр ницæй тыххæй ныууа- дзин, — йæ ныхас ын айста Николай, —хорз дыл фидауы æф- сæддон дарæс. Æмæ, æцæгдæр, йе ’лвæст уæнгтыл æфсæддон дарæс дисса- джыфидыд кодта. Николай йын йæ пъагæтты стъалытæм бакаст: — Хорз сыраззыдтæ, Сашæ! Мæ цуры дын иу стъалыйы йет- тæмæ нæма уыдис, ныр сæ цыппар’мæ сы’скъæрдтай. — Сабыр Океанмæ хуымæтæджы нæ ахæццæ дæн! — буцæй загъта Александр. и • — Æмæ йын нырма райсинаг хорзæхтæ цас ис! — загъта йæ фæстæ лæууæг хистæр лейтенант, артиллерист. — Ацы фæнда- гыл сæ райсдзæн. Чизоны йын сæ Шверник йæхи къухæй радта. — О, ,бахатыр кæн! Нæ уæ базонгæ кодтон ме ’мбалимæ. Сабит Шоенбеков, Казахстанæй. Службæ кæны Хуссар Сахали- ны. Базонгæ стæм поезды. Уый дæр ис командировкæйы. Мах ын’ йæ къух райстам. Уый нын загьта: — Æз Мæскуыйы дæн фыццаг хатт. Ам фенинæгтæ бирæ ис, фæлæ уал мах, мæнæ мæ ног зонгæимæ, æппæты фыццаг батагъд кодтам УГенины фенынмæ. Нæ фæстæ лæууæг зæронд лæг размæ ралæууыд æмæ йæ лыхцьтл æрфгуыты бынæй йæ цæстытæ æвзонджы ирд фæкодта.
МАВЗОЛЕЙ II — Æз ам базæронд дæн, мæ лæппу, фæлæ мæ мæ зæрдæ иу- дадзыг домы, аервылбон дæр Ленины уынынмæ куы цæуин, уый. — Æз дæр афтæ, — ныхас йæхимæ айста ацæргæ ус.— Куыд- дæр хæсты фæстæ газеты фехъусын кодтой, зæгъгае та Ленины уыныны тыххæй мавзолейы дуæрттæ байгом сты, афтæ æз—ар- дæм. Æппын къаддæр мæи иу хатт Ильичы куы нæ фенон, уæд мæ бон нæу. Шоенбеков стыхст, цыма зæронд лæг дæр æмæ ацæргæ ус д&р ахæм ныхæстæ кодтой уымæн бустæ кæнынæн, æмæ уый дæр дзу_ рынмæ фæкъæртт, цыма йе’фсæдйон хайæн лекци касти Влади- мир Ильичы цард æмæ революцион куысты тыххæй: — Мах дæр, Мæекуымæ æрцæугæйæ, æппæты фыццаг Леннны уынынмæ уымæн цæуæм, æмæ нын зынаргъ у. Нæ царды махæн цытджындæрæй ницы ис! Ленины ном æмæ~ хъуыддæгтæ чи нæ зоиы, ахæм адæймаг нæм ныртæккæ нал ис. Ленинæмæ Сталин стыр хъуыдыгæнджытæ сты, адæмты амонды сæрыл стыр тох- гæнджытæ. Лениы нын талынг æхсæвы нæ зæрдæты ссыгъта сæ- рибары рухс цырагъ. Уыцы рухс цырагъ знæгтæ ахуыссык кæ- нынмæ. хъавыдысты, фæлæ мах бахъахъæдта Сталин, Ленины хъуыддæгты дарддæр æххæстгæнæг. Александр Козлов æм папиросты пачкæ бадардта: — Ныртæккæ мавзолæй байгом уыдзæп... Хуры тынтæ Кремлы раз зынаргъ цыртыл схъазыдысты. Монумеытæй нæм рарттывтой коммунизмы ахуырады * бындур- æвæрджыты ’кады нæмттæ: Маркс æмæ Энгельс... Уыцы цырт, уыдонæн сæвæрын кодта Ленин, революцийы фæуæлахизы фыц- цаг азты, уымæн æмæ фæлтæртæ хъуамæ зоной, æмæ сын цыг кæиой. Куранттæ зыланг цагъд кодтой. Мавзолейы дуæрттæ байгом сты. Адæм размæ анкъуыстысты. Мовзолейы къæсæрмæ баввахс уæвгæйæ, адæм сæ худтæ ис- той. Истой сæ æфсæддонтæ дæр. Мавзолейы дуарыл дыууæрды- гæй лæууынц æфсæддон кадджын хъахъæнджытæ. Сæ рæзты чи цæуы, уыдон сын сты зонгæ. Уыдон иууылдæр сты Ленины фæ- дзæхстытæ æххæстгæнджытæ, Ленины амынд фæндагыл, Сталины фæдыл коммунизммæ цæуджытæ. Сæ куыстæй, сæ бакастæй, сæ зæрдæйы конд æмæ уагæй иу не сты, фæлæ кусынц иу хъуыд- дагыл—Ленины æнæмæлгæ хъуыддагыл. Адæм æгуыппæгæй, цыма сæ улæфт дæр ныуурæдтой, цæуынц мраморæй цæхæркалгæ асиныл уырдыгмæ. Иу уысм ма, æмæ ды фендзынæ Ленииы! Адæймаг куыддæр йæхимидæг тыхсы. Мæнæ Ленин! Раст, цыма, фынæй кæны, цыма адæммæ ^йæ мидбылты худы, афтæ дæм зыны. Ды уыныс дæ зæрдæйæч зынаргъ æмæ æввахс Ленины цæсгом, уыныс ын йе стыр хъуыды- гæнæг ных. Ды уыныс Ленины къухтæ. Уый уыцы къухтæй сныв-
2 ЧОЧИТЫ РЕЗО. кодта адæмты абон æмæ фидæн, уыцы къухтæ сты тæккæ стыр- дæр фæллойгæнæджы къухтæ. О, цы диссаджы куыст бакодтой уыдон адæймагæн! Дæумæ, Ленины къухтæм% Ленины цæсгом мæ кæсгæйæ, диссаджы æнкъарæнтæ февзæры’ Ды бæлвырд бæ- рæгæй федтай Ильичы саразгæ стыр хъуыддæгтæ, Ильич дунейы * куыд1 фендæр кодта, уый. Дæумæ фæзынд афтæ, цыма, Ленины рæзты æрзилгæйæ, ды уый уыныс удæгасæй, цыма йæ цæстытæ гæзæмæ æрныкъулгæйæ, къухтæ йæ жилеты тæртты акæнгæйæ, уый йæ мидбылты худы æмæ адæмæн дзуры: «Хорз арæхсут, хорз цæут мæ партийы фæстæ!» Æмæ йын адæм дæр æмхуызонæй дзуапп дæттынц: —■ Махæн дæ амынд фæндагæй фæцудæн нæй! ^- Æмæ диссаг: Мæнæ, цыма, фестади æмæ, йæиу къух йæхицæй размæ адаргъ кæнгæйæ, йе’ннæ къухæй та йæ сау кепкæйыд æлхъывд хæцгæйæ, зæрдæйы уидæгтæм хъаргæзыланг хъæлæсæй дзуры: ■— Нырмæ куыд цыдыстут, афтæ цæут адæмты разæй, мæ райгуырæн бæстæйы фæллойгæнджытæ, æмæ сæ æркæнут хом- мунизммæ! Æмæ дæ фæнды куы ма йæм байхъусис, дæ зæрдæйы æнæ- фенгæ æнкъарæнтæй куы нæ фæхицæн уаис, фæлæ дæ фæстæ цæуы адæмтæй æнæскъуигæ фурд æмæ дæ уый йæ улæнтыл размæ хæссы. Мавзолейы рахизæны ды кæйдæр донызылд цæстытæм фæком- коммæ дæ, фæкастæ дыккагмæ, æртыккагмæ * æмæ уыдонæн дæр сæ цæстытæ сты афтæ... Дæхицæн дæр, фæлæ кæугæ ничи кæны, уымæн æмæ йæ алчи дæр зоны: Ленин ис немæ! Ленин! цæры немæ æмæ нæ размæ кæны! Ленин никуы амæлдзæн, уымæн æмæ большевикты партийы, советон паддзахад уый сарæзта, нæ заэрдæйы Ленины-Сталины зæрдæ кусы! Ленин никуы амæлдзæн, уымæн æмæ ног дуджы бындур уый æрывæрдта æмæ коммунизм æнусон у! Адæм Сырх фæзмæ схизынц æмæ та сæ фылдæр хай фæстæмæ рады лæууынц, цæмæй та ногæй Ленины феной. Ые ’фсæдынц йæ уындæй. Адæмы иннæ хай цæуынц фæйнæрдæм, фæлæ цалынмæ фæау- уои вæййынц, .уæдмæ сæ цæстæнгас нæ исынц Кремлы галуаны сæрмæ фæйлаугæ сырх тырысайæ, мæсгуыты сæрмæ рубин стъалытæй^ — Ленин бадтис æмæ куыста уым! Адæм æй зонынц: — Уым бады Сталин. Сталин махæн абон у Ленин!
13 и. попов БИНОНТÆ Стыр æмæ бæрнон хæс æрæвæрдта йæ размæ И. Попов — Ульяновты бинонтыл, æрыгон Ленины цардыл пьесæ ныффыссыны тыххæй. Æмæ йын бантысти Ульянсвты ныфсхаст бинонты хъазуатдзинад равдисын. Егъау у пьесæйы ахадындзинад, — уый æвдисы: Стыр Уæрæсе хæдхæцæг* паддзах Николайы цырыхъы бын куы удхар кодта, уыцы заманы уæззаудæр азтæ, кусджыты кълас йæхи æмбарын куыд байдыдта æмæ йæ масты хъæлæс, йæ ’тохы уылæн æгас Уæрæсейыл дæр куыд анхъæвзта, уый. Володя, æрыгон лæппу, фæлæ йæм цæй бæрц ныфс, цæй бæрц хъару уыдис, куыд диссаджы комкоммæ дзырд æмæ арф зонд уыдис, куыд хорз æмбæрста алы хъуыддагæн дæр йæ апп, йæ уидаг æмæ куыд æхсарджынæй тох кодта, йæ зондæй-иу кæй скарста, уый баххæст кæныныл. Суанг ма йæ хисдæр æфсымæр Алыксандр дæр —фидарзæрдæ революционер уæвгæйæ, йæ ныхмæ фæлæууын нæ фæрæзта, Уæрæсейы революци цавæр фæндагыл хъуа- мæ ацæуа, зæгъгæ, ууыл быцæу кæнгæйæ. Владимир Ильичы уæды тох æмæ куыст драматург æвдисы йæ пьесæ «Бинонты», Ахсджиаг бафиппайкаг ма уый у, æмæ канд Владимир æмæ Алыксандр нæ, фæлæ сæ мады зæнæг иууылдæр: Аннæ, Ольгæ, Дмитрий, Мария, — кæрæдзи диссаджы уарзт кæнынц, стыр хæлæрттæ- сты, фæлæ сæ алчи дæр хъуыды кæны йæхирдыгонау æмæ алы хъуыддагæн дæр агуры йæхи зондæй алыг кæныны мадзал. Афтæ сæ ахуыр кодтой сæ ныййарджытæ. Æмæ кæд сæ фыд æгас нал уыди, уæд’дæр сæ мад Мария Александровна зæрдиагæй архайдта йæ цот ныфсхастæй стыр хъуыддæгтæ лыг кæнын хъом цæмæй уой, ууыл. Мад ахæстæтты, жандармты уынаффæдæтты, црокурортимæ дзур- гæйæ, кæд Владимир йемæ нæ уыдис, уæддæр уый ныфс æмæ уый зондæй йæ фыд знæгты раз йæ сæр не ’ркъул кодта, йæ цæссыг нæ равдыста, суанг ма йын йæ фырт Алыксандры мард куы загътой, уæддæр. Æрыгон Ленины цардыл фыст пьесæ «Бинонтæ» ахуыр кæны: æгъдау, хиуыл хæцын, хæларзæрдæдзинад, адæмы уарзын æмæ знæгтæм æгъатыр зæрдæ дарыныл. Уый у социалистон реализмы бындурыл арæзт уацмыс æмæ алкæмæн Дæр йæ фæндаг рухс кæны, сыгъдæгдæр зæрдæ цæмæй уа, йæхи- цæн иу æнæрхъуыды ми дæр куыннæ бара æмæ йæхи размæ карздæр до- мæнтæ цæмæй æвæра, ууыл ахуыр кæны алкæйы дæр. Алы æрыгон мад дæр, ацы уацмыс бакæсгæйæ, базондзæн ног, коммунистон бинонтæ куыд аразын хъæуы, уый. Хæлардзинад, фæллой æмæ уарзондзинады бындурыл арæзт чи, у, ахæм бинонтæ. Дæлдæр мыхуыр кæнæм пьесæйы дыууæ фæстаг акты.
14 и. попов ÆРТЫККАГ АКТ. 5-æм ныв. Майы райдиан, 1887-æм азы. Зал быитон талынг. Хъуысы зарын. Цыма уыцы зарæджы æыæкæрон тыгъд быдыртæй дымгæ хæесы ардæм, уыйау. (Æ м б æ р з æ н б а й г о м.) Сакъадахгонд Волгæйы астæу. Изæр. Арты фарсмæ Никитич, йæ цуры Владимнр, чысыл дарддæр Огородпиков, Егор æмæ ма иоджыдæр дыууæ кæсагахсæджы. Владпмир. (Никитичæн). Дарддæр, дарддæр дзур, Ни- китнч. Никитич. Стæй мда мæ фæд ссардтой, заводы тæккæ къæсæрыл мæ рацахстой, стæй ахæстонмæ, сташ итаппæй ардæм, мæрайгуырæн бæстæм. Гъе, уый дын ме ’ппæт дзуринæгтæ, Вла- димир Ильич. В л а д и м и р. Уæдæ, уæд, ис адæм, ис революционертæ, дæ- хæдæг сæ дæхи цæстæй куы федтай. Иугæйттæй хæцынæй кæй ницы рауайдзæн, уый чи æмбары, ахæм адæм ис... Никитич. Гъе, гъе, иугæйттæй куыннæ архайæм, афтæ... Владимир. Æмæ агурынц, стæй. кæй зæгъын æй хъæуы, аргæ дæр скæнынц æндæр ног фæндæгтæ, сæ тыхтæ иугæйттæп сафыны бæстьь Н и к и т и ч. Æз дын зæгъдзынæн куыд архайынц, уый: са- бьфгай, къахдзæф къахдзæфы фæдыл, фидарæй, ныфсджыпæй мыккаг тауынц адæмы сæртьг: уæхи къухтæй, дам, бавналут ку- сæг адæм, уæ хъуыддагмæ, æгас дзыллæйæ, дам, æ^мстад скæ- нут... дзыллæйæн та басæттæн нæй, Уыныс, куыд архайынц! Гъе, уыдон дын æцæг адæмон хъæбатыртæ, гъе! Зарæг тыхджындæрæй æрбайхъуыст. Е г о р. Волгæ та Волгæ, иу ран лæууын дæр нæ зоны... Æмæ йæ мах хъуыдыты, мах фыдбонты мæт дæр нæй. В л а д и м и р. Дзургæ^ Иикитич, дарддæр... Егор. (Никитичæн). Уыныс, дзæгъæлы дæ пæ балымæн код- тон æз. Володянмæ! Уый зоны хъусын... Никитич. О, фæлæ мæстæйдзаг æмæ æнкъард сты мæ ны- хæстæ. 1-аг К æ с а г а х с æ г. Ды хъуамæ æнæхъæн Уæрæсейыл æр- зылдаис, нæ? 2-аг Кæсагахсæг. Æмæ дæ фæндагыл маст æмæ æнкъард- дзинады йеттæмæ никуы ннцæуыл сæмбæлдтæ, и? Егор. (Никитичæй сæрыстыр ’уæвгæйæ). Æнæхъæн нудæс заводы бунт кодта. 2-аг Кæсагахсæг. (Æнæууæнк хуызæй). Нудæс заводы!..
БИНОНТÆ Никитич. Нæ... канд маст æмæ æнкъарддзинад нæ, фæлæ ма æндæр цыдæртæ дæр... Ног адæймаг рæзы Уæрæсейы. Фидæ- ны хицау чи уыдзæн, ахæм адæймаг—фæллойгæнæг адæймаг. 1-аг Кæсагахсæг. Стъалытæ цæхæр скалдтой... Фæны- къул-фæныкъул кæнынц, цыма сæхи мидæг ныхасы бацыдые- ты. Цæуыл дзурынц, уый мах нæ базондзыстæм, уымæн æмæ уыдон... уымæн æмæ уыдон... стъалытæ сты. 2-аг Кæсагахсæг. Стъалытæ цы! Ам мæнæ адæмæн дæр ницы ис бамбарæн, цæуыл сæ оæртæ уæлдай кæнынц... Алчи да^р йæхирдыгонау архайы... Æмæ лæг мæстæй фæцæйтоны, куыд æ^æ йæ кæцырдыгæй бавналын хъæуы, уый кæй нæ зоны, уый тыххæй. Афтæмæй дзæбæх равзаргæйæ та, неппæт дæр нæ цард удхар кæнгæйæ æрвитæм. Н и к и т и ч. Удхарыл нæу хъуыддаг... Стæй тæригъæдгæн- джытæ дæр нæ хъæуы ныртæккæ адæмы. Мах- нæхуыдтæг къæртт кæнын байдыдтам нæхи фæндаг. Æмæ æз нæ мады зæнæджы, ома кусæг æмæ къухæй дæсны чи у, уыцы лæджы, цæрын ын зын кæй у, æмæ стыр сагъæсты кæй ис, уый тыххæй йæ нæ уар- зын, Владимир Ильич, фæлæ йæ уарзын йæ фидар фæразондзи- нады тыххæй, цыфæнды мæгуыйрадæн дæр асæттын чи нæ баком- дзæн, уыцы домбай ныфсы тыххæй. Егор. (Кæсагахсæгмæ сæрыстырæй}. Эх, æз дæр федт’он, алыхуызæн уынинæгтæ. Иу хатт, дын, Барон Фридриксоны га_ луаитæм бабырстам мах, зæхкусджытæ, нæхицæн зæхх исынмæ... У-у, нæ рагъдзарм нын афтæ астыгътой, афтæ... æмæ зæхкус- джытæ, уырны дæ... ард бахордтой, искуы ма куы сыстæм, зæгъ- гæ: гъе мæ дын уый зæгъып ныр, кæсаг доны бын фæуа^ фе- хъуыстон Никитичы ныхас æмæ ныр афтæ æмбарын хъуыддаг: фабрикæты кусджытæ иумæ кусынц, æмæ алцæмæ дæр иумæ тырнынц, æмæ сæм тых дæр гъе уымæц ис. А-махонтæ, зæхкус- джытæ та хицæнтæй алы рæтты кусынц æмæ уый тыххæй алы- рдæм ивазынц. Н и к и т и ч. (Дыккаг кæсагахсæгмæ}. Æмæ ды афтæ æнхъæл дæ, кæсагахсæг, æмæ кусæг бунт кзенын фæнд куы скæны, уæд йæ’ капеччы мæт фæкæны? Нæ. Уый дардыл фæхъуыды кæны. Чизоны куы йæ бафæрсие, уæд дын бæлвырд дзуапп дæр нæ радтид йæ хъуыдыты тыххæй, фæлæ дзы йæ фидæиæй стыр иыфс и, фидар дзы у мидæгæй йæ зæрдæ. 2-аг Кæсагахсæг. Иу ныхасæй, уæддæр мердыгонау цæ- уы. Æз дæр ницы зонын, æмæ кусæг дæр, куыд дзурыс, афгæ- мæй, йæ фæндаг бæлвырдæй нæ зоны. Никитич. Кусæджы ахуыр кæны фабрикæ. Уьп\ мæнæ би- рæ куыцæ зона, уæддæр уал æй ницæмæн хъæуы, цалынмæ фæ- уæлахиз уæм, уæдмæ. В л а д и м и р. Цымæ дзæгъæлы нæ хъуыды кæныс афтæ, Иикитич? Æнæ ахуырадæй кусæг лæгæн ницы бакæнæн ис.
16 и. попов Н и к и т и ч. Æмæ æз куы зæгъын «нырма уал», «цалынмæ фæуæлахиз уæм, уæдмæ», «райдианы». Владимир. Афтæ уа? Райдианы; уæлдай тьшгдæр хъæуы зхуырад, уæлахизмæ фæндаг куы фæцагурынц, уæд... Н и к и т и ч. Фæндаг нын нæ зæрдæ бацамондзæн... Хъуыд- лаг бæлвырд у, мах цы фæнды, цых агурæм мах? Æрмæстдæр рæстдзинад.... Владимир. Æмæ цымæ растдæр нæ уаид, фæндаг фæнд- гæ нæ цы кæны, уым нæ, фæлæ æцæгдзинадæй цы ис, нæ цæс- тæй кæй уынæм, уым куы агуриккам, уæд? Цард зхшын хъæуы. Н и к и т и ч. Æцæг? Диссаг, диссаг... Егор. (Айхъусгæйæ). Цæргæс! Цыма, чидæр бæлæгьЫ- æр- баленк кæны. 1-аг К æ с а г а х с æ г. Уый Волгæйы доны цæхъалтæ сты. Егор. (Зæрдиаадæрæй айхъусгæйæ). Нæ зæгъын, нæ, чидæр æрбаленк кæны... Уый Семен уыдзæн. (Хъæр кæны) Эй, Семен! (Дардæй дзуаппы хъæр: «Огъо... огъо.... огъо!.-») Семен, сакъа- дахы ’рдæм æрбазил! Хуыддаг ис, хъуыддаг! Кæсагахсджытæ йæ размæ ацыдысты. Владимир. Арф хъуыдыты аныгъуылгæйæ баззад иунæ- гæй. Стæй базмæлд æмæ дзуры йæхинымæр дзурæгаур фидарæй, бæлвырд кæуыл ахъуыды кæнынц æмæ кæронмæ кæй скæрдынц, уыцы хъуыддаджы тыххæй куыд фидарæй фæдзурынцу афтæ). Нæ, Сашæ, ахæм фæндагыл цæуын нæ нæ хъæуы. Ахæм фæнда- гыл нæ ацæудзыстæм мах! Кæсагахсджыты зарæг нæры. Æ м б æ р з æ н. Æхсæзæм ныв. 1887 аз, Май. Санкт-Петербург. Ахæстæтты хицауыхæдзар. Æнхъæлмæкæсæн. Модест Апполонович. (Æрбацæугæйæ). Оф, — фес- тæм! Ульяновæй фервæзтыстæм. Хистæр надзератель. Кæд? Модест Апполонович. Абон боны цъæхыл, Шлиссель- бургы фидары. Сыф ныммыхуыр кодтой. Бакæс ма йæ. (Дæдты йæм сыф). Дыууæ фæлтæрæй сæ бахъуыд: бынæттæ фаг нæ уы- дис фондзæн: æмæ дзы фыццаг æртæйы ракодтой, стæй та дыу- уæйы—Ульянов æмæ Шевыревы. Æмбисонды фидар, дам, лæу-
БИНОНТÆ ,17 уыдысты сеппæт дæр... Сæ тæригьæдтæ сыгъдæг кæнын æмæ ди- иы су,сæгдзинæдты æввахс дæр нæ бауагътой сæхимæ. Бацыд Мария Александровна. Хйстæр надзератель. (Мария Александровнæмæ). Фенынмæ? Мария Александровна. О, бар мын радтой. Хистæр надзератель. (Тагъд-тагъд æркæстытæ кодта гæххæтмæ). Æрæгмæ æрбацыдтæ. Байрæджы кодтай. Мария Александровна. Æз æрбацыдтæн ме ’мгъуыдмæ. Хистæр надзератель. Гъе уый дын адæм! Æрбацæй• цæуынц, фæлæ цæмæ цæуынц, уый сæхуыдтæг дæр нæ зонынц. Чи ма дæм рапæуа фембæлынмæ, уый нæй... Байрæджы кодтан. * Мария Александровна. Мæ чызджы мын æндæр рак. мæ акодтой? Хæсгæ йæ акодтой? Хистæр надзератель. Цы? Дæ чызджы? Дæ чызг ам ис? Кæс ма дæ хорзæхæй! (Кæсы бары гæххæттыу. Мæнæ уый... (дæдты сыф.) Нырма йæ ныртæккæ ныммыхуыр кодтой... Уый паддзахы хъусынкæнинаг у, сымах тыххæй. Дæ фырт уæлæуыл нал ис...' Мария Александровна кæсы гæххæтты. Мария Александровна. (Йæхи бандоныл æруадзгæ- йæ}. Кæд æрцыд уыцы хъуыддаг? Модест Апполонович. Абон, боны цъæхыл, цыппæ- рæм сахат æрдæгыл. Уьшгæ ма фæкодтай дæ лæппуйы йæ ама- рыны агъо^мæ? Мария Александровна. Уынгæ ма йæ фæкодтон, фем. бæлдыстæм ма. Модест Апполонови,ч. Æмæ йæ уæддæр амардтой. Уæдæ нæ байхъуыстат, æвæццæгæн, йæ бæрзонддзинад инæлар Дурновойы фæндмæ æмæ лæппуйы дæхæдæг бабын кодтай... Мария Александровна. Мæ чыз^жы феныны бар мын ис? М’одест Апполонович. Ис, ис. Æрмæст йæ бæрзонд- дзинады фæндтæ дæ зæрдыл бадар, уыдонмæ гæсгæ архай. Кæн. нод та фыдбылызæй хуыцау бахизæд. Хистæр надзератель. (Фæссценæмæ хъæр кæны.) Ба- лзурут ма Ульянова Аннæмæ æмæ йæ ракæнут йæ мады фе- нынмæ. Мария Александровна. Фæлæуут, ма-ма йæ ракæнут. Уæ хорзæхæй, курын уæ. Иу чысыл фæ’лæуут. Хистæр надзератель. (Хъæр кæны.) Фæлæуут уал! (Кæсы Мария Александровнæмæ, хъæр кæны.) Фæдзурут ма ар- дæм фельдшермæ... (Мария Александровнæйæн}. Дон дын авæрон? * Мария Александровна. Бузныг, нæ хъæуы. (Æрбацыд сылгоймаг фелъдшер. Хистæр надзератель ын йæ хъусы дзурьи Фельдшер бацыд Мария Александровнæмæ).
18 И. ПОПО& Фельдшер. (Мария Александровнæйæн). Исты кæныс, мийаг? Мария Александровна. Бузныг. (Хистæр надзератель- мæ). Зæгъ æмæ мæм æрбакæной мæ чызджы. Æрмæст уæ ку- рын, ма йын зæгъут... йе ’фсымæры йын кæй амардтой, уый. Модест Апполонович. Ма йын æй схъæр кæнæм? УыГг мæ бон у. Мах ын æй нæ зæгъ!дзыстæм. Æрмæст ды йæ бæрзонд- дзинады фæндон ма ферох кæн. (Хистæр надзерателæн, сусæ- гæй). Ныхас кæнын ма сæ фылдæр куы фæнда, уæд иу-сæ ба- уадз. (Ацыд.) Хйстæр надзератель (хъæр кæны). Ульянова Аннæйы ракæнут! \ Мария Александр’овна. Бирæ рæстæг ис нæ фем- бæлдæн? Хистæр надзерат ль. Дыууæ минуты, Ноджыдæр ма курыс? Мæнæн мæ бон у уæ тыхстдзинадмæ гæсгæ... Мария Александровна. Æз ницыуал курын... (Æрбацыд Анна. А н н а. Гыцци! Мария Алекса-ндровна. Анечка, мæ хур, куыд ныф- фæлурс дæ! Æнæниз дæ? А н н а. Куыд у Сашæ? Цы ног хабæрттæ ис? Мария Александровна (йæ цæссыгты нæ уыромы)* Сашæ дæм фыста... Нæ йæ райстай? Анна. Нæ, нæ райстон. Мария Александровна. Уый мын загъта, ныффыстои,. дам, æм хорз, рæвдауæн лисьмо. Райсдзынæ йæ. Анна. Æз æм мæхæдæг дæр ныффыртон, Æз æм ныффыс- тон’ «Дæуæй зынаргъдæр нæй адæймаг дунейыл...» Мария Александровиа. (Уыцы ныхæстæ дзуры). «Нæй адæймаг дунейыл...» А н н а. (Дзуры дарддæр}. «Ме ’рттиваг хуры тын». Мария Александровна. (Дзуры та уыцы ныхæстæ.). «Ме ’рттиваг хуры тын...» А н н а. Ныртæккæ ’мæ куыд фæнды, уый зоныс,' гыцци? Атæ- хин Сашæмæ æмæ йын зæгъин: «Дæ цард разæй ис нырма... рав- зардзынæ дæхицæн æндæр æмæ раст фæндаг...» Мария Александровна. (Сæ ныхас Алыксандры койæ æндæрырдæм аздахгæйæ). Володя мæм æрбарвыста, хорз, зæр: дæвæрæгГ письмо. Тынг хорз йæ цæст дары кæстæртæм. А н н а. Зæгъ ын, Володяйæн зæгъ, гыцци, æз, зæгъ, бирæ фæ- хъуыды кодтон ам, бирæ цыдæртæ, зæгъ, бамбæрстон... æмæ, зæгъ, мæ хъуыдытæ демæ сты ныр. Сашæмæ уыдтæ? Мария Александровна (дарддæр дæр уыцы хъазт> кæ~ ны). Оля та швецаг æвзагыл архайы. А н н а. Ды Сашæмæ уыдтæ?
БИНОНТÆ 19 Мария Александровна. Уыдтæн. Куырдта мæ, Гейне- йы æмдзæвгæтæ, дам, мын ссар... А н н а. Тæрхон ын рахастой? Нæма? Мария. Александровна. Базондзыстæм æй тагъд, ба. зондзыстæм, Аня, ды дæхи хъахъæн, ды нырма æрыгон дæ. Анна (Йæ мады риуыл ныддæлгом). Гыцци^ гыцци... курын дæ, зæгъ мын: цы кодта Сашæ...-ды цыдæр зоныс. Мария Александровна. Æз æппæт дæр загътон. Мария Александровна аивæй амоны фельдшермæу чызг æмæ хистæр надзерательмæу Аннæйы акæнут^ зæгъгæ. Хистæр надЗератель. Уæ рæстæг фæцис! Курын, æд- тагонæй чи ис ам, уыдонæй: асыгъдæг кæнут уат. (Хъæр кæно1.) Надзератель, акæн ахæсты. Мария Александровна. Ацæуын дæ хъæуы, Анечка. I Ацу æмæ фидар лæуу! Анна. Фенынмæ уал, гыцци, саламтæ иу зæгъ мæнæй Са- шæйæн. 'Æрбацыд Модест Апполонович. МодестАпполонович (Мария Александровнæйæн). йæ бæрзонддзинады фæндæттæ дæ нæ ферох сты? Кæннод дæ дæ чызгыл дæр кæуын куы бахъæуа, хуыиауы ног цагъар, — мард дын чи æрцыд, уыцы фырт Алыксандрыл куыд акуыдтай, афтæ. А н н а. Цы? М о д е с т А п полонович. Æмæ йæ нæ зыдтай? Фельдшер. (Модест Апполоновичæн) Цы бакодтай? Модест Апполонович (Мария Александровнæйæн}. Иу ныхасæй уæдæ ды дæ чызджы дæр не ’рсастай, нæ? Уæдæ дыв æз та ахæм уынаффæ бакæнин, аныхас ма кæн ноджыдæр й^мæ... Зæрдиагæй дын кæнын уыцы уынаффæ, дæуæн тæригъæд кæн- гæйæ... * / А н н а (Иæхиуыл фæхæцгæйæ, сабыргай йæ мадæн). Мæ уар- зон... мæ ахсджиаг мад, æз æппæт дæр æмбарын. Анна йæ мады æфцæджы ныттыхсынмæ йæхи баппарынмæ хъавЫу фæлæ мад, йæ чызгæн нымд кæнгæйæу фæтарст æмæ аивæй иуварс алæууыд. Мария Александровна. Нæ хъæуы, мауал мæм æрба- цу. Фидар зæрдæ у. Сашæйы тыххæй кув. А н н а. (Хистæр надзерателæн). Зæгъ, æмæ мæ акæной. Хистæр надзератель. (Хъæр кæны). Акæнут ахсты! Анна ацыд. Мария Александровна тагъд-тагъд адзæбæхтæ кодта йæ дарæс æмæ йæ шляпа. Чысыл фæгуыбыргомау ис, фæлæ уæддæр фидар къахдзæфтæй сабыргай фæцæуы æрбацæуæн дуары ’рдæм. Дуа- ры къæсæрыл чысыл фæцудæгау кодта. Фельдшер сылгоймаз æм базгъордта, йæ рæмбынкъæдзтыл ын фæхæцыд.
20 и. попов Мария Александровна (Ракаст æм, йæ мидбылты сагъæсæйдзаг худт бакодта). Арфæ дын кæнын. (Ацыд), Æмбæрзæн. 7-æм ныв. 1Й87 аз. Майы кæрон. Симбирск. Цæхæрадон дидинæгæй æмбæрзт Сценæйы Оля æмæ Владимир. О л ь г а. Цы сарæстæуа, цы ’рхъуыды чындæуа, гыцци йæ тагъддæр цæмæй ферох кæна, уымæн? Владимир. Нæ, Ольга, æз уый никуы ферох кæндзынæн. О л ь г а. Куыд? Владимир. Дæхи бауыром, фæуæлахиз у, дæхи ныффидар кæн—уый гæнæн ис. Фæлæ рох ницæй тыххæй! Никæмæн ницы ныппардзыстæм. Æмæ йæ зæрдæты арф бавæрдзыстæм. Ольга. Æмæ^цас* арфдæр уа, уыйас фылдæр фæлæудзæн æмæ фидард/ер уыдзæн. ■ Владимир. Хорз загътай, Ольга. Æмæ уал уадз нæ раз- мæ, кæй нæма зонæм, ахæм фæндæгтæ уæд, фæлæ нæ нысан бæлвырд у! Æз сфæнд кодтон... æмæ дын мæнæ мæ фæнд... Æрбацыд Горский* Г о р с к и й. Уæ бонтæ хорз^ фæсивæд! Ольга. Гыцци нæма раздæхтис. Горский. Базыдтат æй: æз нæ хæлар Мария Александров- нæйы фенынмæ æрбацыдтæн. Стæй мын бар радтут æмæ уын ар- фæ ракæнон. О л ь г а. Цæй тыххæй? Горский (Владимирæн). Бирæгъы лæппыны каст мæм куы кæныс! (Латинагау.) Тимео донаос эт дона фаррентес... фæ- лæ дзæгъæлы. Æз уын æхсызгон ног хабæрттæ æрбахастон... О л ь г а. Сашæйы тыххæй? Дзургæ! Г о р с к и й. Ныххатыр ын кодтой. В л а д и м н р. Дызæрдыггаг у уый. Г о р с к и й. Мæхи хъустæй йæ фехъуыстон. Ныртæккæ гу- бернаторы хæдзарæй рауадтæн. Фыдгæнджытæн сæ фыдра- кæнд куы ныххатыр кæнай, уæд сæ хъæбатырдзинады кад цæр фесæфы, æмæ сæ удхар дæр’ никæмæ уал фæхъары, дыккагæй та, раст тæрхондоны æгъдæуттæм гæсгæ стыр цæлхдур’ разындйс хъуыддаджы, ай-гъай! Иæ сæрты ах-хи-зæн кæмæн нæй, ахæм цæлхдур. йæ азтæ æххæст кæмæн не сты, уыдоны марыны бар нæ дæдты закъон. Æрбацыд Огородников, уый хæд фæдыл Кашкадамова. Огородников. Ныххатыр ын кодтой! Ныххатыр! Иууыл- дæр æй дзурынц. Кашкадамова. Оля, Володя! Мæ зынаргъ хуртæ! Ныхха. тыр ын кодтой!
БИНОНТÆ Владимир. Вера Васильевна, ууыл баууæндæн нæй, хмах ныртæккæ хъæуы æнæкæрон стыр æнæууæнкдзиыад алцæмæ’дæр. Кашкадамова. Æнæууæнкдзинад? Цæмæн уæд? В л а д и м и р. Сашæйы ма ноджы фæчъизи кæнынмæ дæр хъавынц. ’ Æрбазгъордта Кузьма Иванович. Кузьма Иванович. Сраст, дам, æй кодтой! Зонут æй? Фехъуыстат æй? Горский (мæстыхуызæй). Цавæр’ сраст кодтой? Кæд æр- баймысыдтæ уый та? Паддзахы марыны тыххæй раст—кæнынц? Кузьм’а Иванович. (Сагъдауæй аззайгæйæу. Бахатыр кæн, хуыцауы тыххæй, æз ницы мысын. Æз æрмæстдæр хъус- хъус кæй дзурынц, уый зæгъын. Горский. Хъус-хъус дæр, ахæмæй ницы кæнынц. Раст æй не скодтой, фæлæ йын хатыр бакодтой. Хатыр ын бакодтой: йæ хъуыддагыл æрфæсмон кодта. Курдиат ныффыста паддзахмæ. Кузьма Иванович. Бахатыр кæн, хуыцауы тыххæй, ба- хатыр кæн, æз мысгæ нæ кæнын... Г о р с к и й. Йæ цардхалæн хъуыдытæ æмæ йæ цæстæнгасыл йæхæдæг хъоды бакодта. В л а д и м и р. Уый раст нæу! V о р с к и й. Ома’ куыд нæу раст? В л а д и м ир. Уый хахуыр у! Г о р с к и й. Ахæм ма къæйныхдзйнад уа! Кузьма Иванович (Лæгъстæ кæны). Володя! Тæвд ма кæн! Владимир (Сабыр æмæ æнцадæй). О, хахуыр. Мæнæн ме ’фсымæр сайын æмæ тæппуддзинадæй йесæфт уыдта. Кæд ын ныххатыр кодтой, уæддæр æндæр истæйы тыххæй, уый йеттæмæ уымæн æдзæсгом хъуыддаг ницæйы тыххæй уыд бакæнæн. Уын хахуыр у! Мысгæ йыл кæнут! Горский. А-гъа, уæдаё дæумæ гæсгæйæ.де ’фсымæр йæ рæ- дыдыл кæй басаст, уый æдзæсгомдзинад у? Хорз, хорз. Иттæг хорз1 Кузьма Иванович (Горскийæн). Басабыр ут, Володя æгæр æрбатæвд исЛ Владимир. Æз уæлдай тæвд4нербадæн. Æз загътон, цы хъуыды кодтон, уый. Кузьма Иванович. Гъемæ иттæг хорз, ’æгайтма не ’рба- тæвд’дæ. Гъемæ баууæндын кæц^ууыл неппæты дæр: шахмæттæй иу хъазт акæн мемæ. В л а д и м и р. Ахъазæм. Бацыдысты шахмæтты стъолмæу хъазынц. Г о р с к и й (Кашкадамовайæн). Нæ фæлæ, цы æмбисонды хорз фæразы йæхиуыл хæцын ацы сывæллон! Кашкадамова иуварс ацыд Горскийæ.
22 и. попов Кузьма Иванович. Фæлæу, фæлæу, нæма йæ æрæвæрд- тон. В л а д и м и р. Лæууын дæм. Г о р с к и й (Огородниковæя). Зæгъ ма, дæ хорзæхæй, сзё би- нонтыл уыцы фыдбылызы хъуыддаг куы æрцыдис, уый фæстæ дæр ма дæ-иу ахуыр кодта? Огородников. Экзаментæ куыд радтон, уый мæнмæ гæс- гæйæ дæхæдæг дæр федтай. Уæ гимназы ахуыргæнинæгтæй сеп- пæтæй дæр хуыздæр. Стæй йæхæдæг дæр сызгъæрин майдан куы райста. Огородников иуварс ацыд Горскийæ. Г о р с к и й. Ай-гъай! Уыдон иууылдæр æмбисонды диссаг сты, фæлæ гуырысхойаг куы разына, уымæй дæр дыууæйыл у. Æдтейæ æрбайхъуысти мырмырæгты хъæр. Владимир. Басастай мæ. К^зьма Иванович. Нал дæ зонын абон. Дæ иу рæдыдæй, иннæ’фыддæр. Кашкадамова (Хъæр кæны). Æрбахæццæ сты! В о л о д я. Оля, æрбахæццæ сты! ’ Ольга! Володя! Гыдци, гыцди! В о л о д я (фæгæпп ласта}. Гыцци! Иууылдæр згъорынц фæссценæмæ. Æдтейæ хъæртæ хъуысы: «Гыцци!» «Гыцци!» «Мрия Алек- сандровна\» Æрбацыд Мария Александровна, йæ фæдыл Ольга, Володя, Огородникову Кашкадамова æмæ Горский. В л а д и м и р. (Иæ мады фарсмæ цæугæйæ). Махмæ зæрдæ- ’хсаинагæй ницы уыд. Кæстæрты Кокушкиномæ арвыстон. Кузьма Иванович. Цы ног хабæрттимæ, нæ мады-хай, Мария Александровна? - Мария Ал'$ксандровна. Куыд уын раарфæ кæнон, нæ зоиын, ардæм кæй æрбамбы’рд стут, мæн фенынмæ... Арфæйаг фæут, мах маст, мах сагъæсыл афтæ кæй зæрдæ риссы... Фæнда. гыл мын мæ зонгæтæ салам нал лæвæрдтой, сæ чъылдым мæм-иу фездæхтой, фæд^ мыл сымах уæхи нæ атигъ кодтат... Бузныг, бузныг... Владимир (Мария Александроенæйæн сабыргай). Гыцци, цæмæй тарстыстæм, уый æрцыд? Мария Александрбвна. Цæмæй тарстыстæм, уый... Кузьма Иванович. Мæнæ куы сурс и! Иууылдæр базмæлыдысты, Горский тындзгæ ацыд. Кашкадамова бадзойдзой кодта. Ныббогъ ласынмæ йæ бирæ нал хъæуы. Огородников. (Кашкадамовайæн). Вера Васильевна, æз дæ бахæццæ кæндзын&н уæхимæ. Мæнæ мæ цонгыл æрæнцай. Афтæ, гъе... (Ацыдысты).
БИНОНТÆ 23 Кузьма Иванович. (Фыр зæрдæрыстæй ма цы акæна, уый нал зоны, ныхас нал ары, йæ шляпæ йæ риумæ æр- балхъивгæйæ, Мария Александровнæйæн йæ сæрæй кувы, стæй йæм бацыд\ æмæ йын йæ къухæн аба к’одта.) Мæ зынаргъ Ма- рия Александровна... (Ацыд.) Мария Александровна. Нæхимæ та дæн æз. Алцы дæр куыд уыдис, афтае, æрмæст... Ольга. Гыцци^ нæ хъæуы... Мария Александровна (Æваст дзурын байдыдта, цыма æрмæст йæхицæн дзуры, уыйау, æрмæст дæр стæм хатт æрæмбары иунæг кæй нæу, йæ сывæллæттимæ кæи ис, æмæ уæд ноджыдæр фæлмæндæр æмæ рæвдауæндæр хъæлæсæй дзурын байдыдта). Сашæ мæ бафарста: «Ды тæрхондоны уыдтæ, гыц- ци?» Уæд ын æз загътон: «Диссаг мæм фæкастис, куыд рæсугъд ■æмæ арæхсгæ дзырдтай, Сашæ. Æз дын афтæ хорз дзурын^ æн- хъæл нæ уыдтæн. Фæлæ мæнæн зын уыдис, Сашæ, дæумæ хъу- сын æмæ кæронмæ фæбадын нæ бафæрæзтон æмæ рацыдтæн тæрхондоны уатæй.» Стæй та мын загъта: «Цы æрцыди, уый æрцыд, гыцци, æмæ ахицæн сты, аивгъуыдтой». Стæй ма йæ ныхасыл бафтыдта: «Амæлдзынæн гыцци, фæлæ мæлæтæй нæ тæрсын, чизоны, раст фæндаг не ссардтон... Æмæ мын тынг зын- у, куы ахъуыды кæнын... Кæм агуырдтон æз раст фæндаг... Кæ- цы ран æмæ сæ цавæр хъуыддæгтæм гæсгæ агуырдтон...» Æз ын мæ фæллой схæлар кодтон æмæ йын загътон: «Сашæ, фидар лæуу, уый дын æз зæгъын, æз, дæ мад, — фидар лæуу». Æмæ скуыдтон æз, уæд мын уый сабыргай æмдзæвгæ бакастис: «Мæгуыр сæ бон ныййарджытæн, Кæрон дæр нæй сæ хъарджытæн, Сæ тугæйдзаг хуым- зæххытыл Ныккалд сæ туг са? хъæбултæн. Фæдардзысты сæ маст зæрдыл, Дзыназдзысты сæ карз мæрдтыл». В л а д и м и р. Мах ацæудзыстæм, гыцци, ардыгæй дард. Æз университетмæ курдиат арвыстон — Хъазанмæ... Дæхимæ та ба- зилдзынæ... Кусдзыстæм, тох кæндзыстæм... Мария Ал’ександровна. Тох’? Уæдæ ды дæр • ацæу-1 дзынæ?.. 1 Владимир. Æрмæст ^ендæр фæндагыл, гыцци. Мария Александровна. Мæ размæ-ма рацу. (Влади- мир бацыд йæ размæ). Володя... Æз сагъæсы дæн æмæ мæ! зæр- дæ йæхи къултыл ныххойы, куы ахъуыды кæнын, цымæ мын дæумæ та цы æнхъæлмæ кæсы... Æз дыл æууæндын æмæ дыл дин кæнын, мæ лæппу- Сценæ сабыргай æрталынг.
24 и. попов ЦЫППÆРÆМ АКТ 8-æм ныв. 1895 аз. Декабрь. Дурновойы кусæн уат. Андрей Оскарович пецы раз бады. Модест Апполонович йæ уæлхъус лæууы. ( Андрей Оскарович. Мах хъæуы Владимир Ульянов. Модест Апполонович. Йæ чемодан гуырысхойаг кæй у, уый тæккæ арæныл бамбæрстам. Мах архайæм... Андрей Оскарович. Сымах архайын нæ ницæмæн хъæ- уы, фæлæ Ульянов йæхæдæг, стæй куыд амал ис, афтæ тагъддæр^ Модест Апполонович. Ульянов чемодан æндæр кæм- дæр радта. Фæлæ махæн йæ фæдыл тел радтын нæ къухы баф- тыд æфсæн фæндагыл гæрзæй-гæрзмæ, чингуытæ æмæ йæ къух- фыстытæ æвæрд уыдысты чемоданы дыууæ къулы æхсæн, фæлæ уыцы хъуыддаг бамбæрстой поезд куы афардæг, уæд. Чемода- нæн йæ фæд æрцахстой нæхионтæ ам, Питеры. Андрей Оскарович. Мах чемодан нæ, фæлæ Ульянов^ Владимир Ульянов йæхæдæг хъæуы. Бамбæрстай? Модест Апполонович. Бамбæрстоы. Андрей Оскарович. Æрмæг бацæдтæ кæн. Модест Апполонович. Хъусын. Андрей Оскарович ацыд. Модест Апполонович дзæнгæрæг цæгъды, æрбацыд Сергей Сергеевич, гæххæттытимæу стъолыл сæ æрæвæрдта. Сергей Сергеевич. Егъау кæнын байдыдта йæ бæр- зонддзинадмæ кæй æрвитынц, уыцы гæххæттыты барджи, Модест Апполонович. Модест Апполонович. Мæнæ сæ стъолы кæрон æрш;. май. Мах сæм ныргæккæ æркæсдзыстæм. Раздæр уал адæмы сыстыныл чи ардауы, уыцы" сыфты тыххæй. Афтæ, афтæ. Ныр! та фабрикæты цы амидингæнæг сыфтæ фæзындис, уыдон тыххæй. Афтæ. Ныр та политикон къордты тыххæй. Сабырдæр, ма с,е схæциæ кæн, дихтæ мын сты «ахстытæ» æмæ «æнæ ахстытæ».1 Сергей Сергеевич. Æмбарын. МодестАпполонович. (Папкæтæ æвæры). Ацы ран уы- дзæнис «ахст» къордты тыххæй. Афтæ. Мæнæ ам та «æнæ ахсг> къордты тыххæй. Сергей Сергеевич. Аив уыдзæнис, Модест Апполоно- вич, «æнæ ахстыты» барджи бæрзонддæр куы уа, уæд? МодестАпполонович. Æмæ уым диссагæй цы ис? Кæй нæм^ зонæм, ахæм къордтæ куы уаиккой, уæд æцæг нæ уаид хорз... фæлæ сæ мах та базыдтам, æмæ сæ иугæр зонгæ кæм ба- кодтам, уым сæ ахсгæ-дæр æркæндзыстæм. Сергей Сергеевич. Куыд дæ фæнды, афтæ, Модест Ап- полонович.
БИНОНТÆ 25- Модест Апполонович. (Иуварс рацæугæйæ, кæсы папкæты дыууæ барджимæ). Æнхъæлдæн æмæ раст зæгьыс: æгæр бæрзондгомау у «æнæ ахстыты» барджи. (Тагъд-тагъд фыс- сы). «Ахст чи æрцæудзæн, уыцы къррдтæ», — хорз не’рхъуыды кодтон? Сергей Сергеевич. Иттæг хорз. (Ацыд.) Æрбацыд Андрей Оскарович. Андрей Оскарович. Йæ бæрзонддзинадæн кæй хъусын кæндзыстæм, уыцы æрмæг цæттæ у? Модест Апполонович. Цæдтæ у. Андрей Оскарович. Дзургæ. Цыбыр. Модест Аппо л лоно вичч Мæскуыйæ-" — раргом кодтам фондз марксистон къорды, æрцахстам сæ, ссардтам сæм къух- фыст—«Чи сты «адæмы хæлæрттæ?..» Андрей Оскарович. Афтæ! Модест Апполонович. Омскæй:—раргом кодтам дыу- уæ марксистон къорды, æрцахстам сæ. Ссардтам сæм къухфыст «Чи сты «адæмы хæлæрттæ?». Андрей Оскарович. Афтæ. Модест Апполонович. Ярославлæй: раргом кодТам æр- тæ марксистон къорды, æрцахстам сæ, ссардтам сæм къухфыст: «Чи сты «адæмы хæлæрттæ?». Андрей Оскарович. Цыма иу джиппы уагъд сты. Цас дзы ныммыхуыр кодтой, уыцы къухфыстæй? МодестАпполонович. Иваново-Вознесенскæй:—раргом кодтам фондз марксистон къорды, ахст фесты, ссардтам сæм къухфыст «Чи сты «адæмы хæлæрттæ?» Андрей Оскарович. Дзур æрмæстдæр горæды нæмттæ æмæ цал къорды, уый. МодестАпполонович. Хъусын. Тулæйæ... Андрей Оска’рович. Цал? Модест Апполонович. Дыууæ. Андрей Оскарович. Ахст фесты? МодестАппдлонович, Сæ фæд сын ссардтам... Ростов^ Дон—дыууæ. Екатеринослав—дæс... Андрей Оскарович. Цал? Модест Апполонович. (Къæмдзæстыгæй}. Дæс. Андрей Оскарович. Дарддæр.- Модест Апполонович. Калак—дыууæ, Батум—дыууæ% Киев,—-фондз, Николаев—авд, Орехово-Зуево—фараст, Самара— дыууæ, Хъазан — дыууæ, Кастрама — дыууæ, Екатеринбург — . фондз. Андрей Оскарович. Ахст фесты? Модест Апполонович. (Къуызгæйæ). Сæ фæд сын. ссардтой. Андрей Оскарович. Хæйрæджы хай фæуинаг!
25 н. попов Бацыд Дурново. Д у р н о в о. Уæ бонтæ хорз, уæздæттæ! Модест Апполонович. Æнæниз у, уæ бæрзонддзинад! Андрей Оскарович. Цы æрмæг бацагуырдтам, уыдон <æрбахæццæ сты. Д у р н о в о. (Сбадтиа стъолы уæлхъус, кæсы чиныджы къухфыст}. «Чи сты «адæмы хæлæрттæ» æмæ куыд тох кæнынц социал демократты ныхмæ?» «Уырыссаг кусæг лæг сыстдзæн, æп- пæт демократон тыхты сæргъы æрлæудзæн æмæ паддзахы бындур банкъуысын кæндзæн, афæлдахдзæн æй æмæ уырыссаг пролетар- ты æппæт дунейы пролетартимæ коммунистон революцийы фæ- уæлахизыл тохмæ акæндзæн...» Чи ныффыстаид ацы чиныг? Андрей Оскарович æмæ Модест Апполонович ницы дзурынц. Д у р н о в о. Æз уын уæ сæрхъæн жандармты ахстон ныффал- гæрон кæндзынæн. Æвæстиатæй мын Владимир Ульяновы фæд куыд ссарат, афтæ! Фехъуыстат? Модест Апполонович. Архайæм, уæ бæрзонддзинад. Д у р н о в о. Ульянов ахст куыд уа, афтæ! Модест Апполонович. Хъусын уæ бæрзонддзинад. \ Бацыд Сергей Сергеевич. Сергей Сергеевич. Уæ бæрзонддзинад? прокурор дæу- мæ æрбацыд. Д у рн о в о. Мидæмæ йын зæгъ, æмæ нæ, уæ хорзæхæй, нæхи бар бауадзут дыууæйæ. Чиновниктæ ацыдысты. Æрбацыд Неклюдов. Неклюдов. Дæ бон хорз, Петр Николаевич! Д урново. Æгас цу, Николай Адрианович! Цæй, цы аразæм ногæй марксистты ныхмæ? Неклюдов. Петр Николаевич, раст тæрхондоны министр сбæрæг кодта, марксистон змæлд кæмыты ахæлиу ис нæ пад- дзахады зæххыл, уый. Д у р н о в о. Уый мах нæхуыдтæг дæр зонæм, æнæ сымах министрадæй дæр. ■ \ Неклюдов. Раст тæрхондоны министр йæ къух бафыста хъусынкæнинаджы æмæ... Дурново. Æндæр зонгæ дæр ницы кæны, уæ министр! Неклюдов. йæ сыгъдæгдзинад, граф Муравьев куыд зæ- гъы, афтæмæй марксизм æнцон сихсийынгæнæн у Уæрæсейы. Д у р н о в о. Æппындæр ницы æмбары уæ Муравьев! Неклюдов. Петр Николаеви... йæ сыгъдæгдзинад..- Д у р н о в о. Уæ «йæ сыгъдæгдзинад» у хæрæг! Неклюдов. Петр Николаевич! Дурново. Къæхтæсæрфæн йеттæмæ ницы у, уæ Муравьев! Н е к л ю д ов. Петр Николаевич! Дурново (Æнæ дзургæйæ йæм балæвæрдта къухфыст). Мæнæ гъа, цин кæн! «Чи сты «адæмы хæлæрттæ?»:..
БИНОНТÆ 27 Неклюдов. (Кæсы йæм). Ай-гъай, тæссаг чиныг у. Д у р н о в о. Владимир Ульянов—йæ астæуккаг цæджындз у марксистон змæлдæн: Аст азы размæ, йæ хистæр æфсымæры йын куы амардтам, уыцы аз Владимир Ульянов аивта Хъазацмæ, Хъазаны университетæй æппæрст æрцыд^ студентты кæй ардыд- та, уый тыххæй. Мах æй уый фæстæ арвыстам Хъазанæй. Стæй цардис Самарæйы, ныр та æрбаивта Петербургмæ. Æмæ сарæз- та «Кусджыты къласы сæрибарыл тохгæнæг цæдис». Революци- он хъуыдытæ тауы фабрикæтæ æмæ заводты. Неклюдов. Уый ма ницы уц Петр Николаевич, фæлæ ма кусджытæн сæхицæй,* ныфсхаст, æнæ фæцудгæ æмæ разæнгард чи у, ахæм раздзæуджытæ йæ алыфарс æмбырд кæиынц. Кус- джытæн сæхЪцæй—бæллæ^ уыйу.Дзырдæн райсæм,—фехъуыстай Бабушкин, зæгъгæ, ахæм лæджы кой? Дурново. Иван Васильевич, Уый фæллад нæ зоны, афтаг?- мæй аразы Ульяновон къордтæ... Ульянов йæ размæ хæсæн æрæ_ вæрдта кусджыты зонд баиу кæнын, ардауы сæ, адæмы æрра кæ- ны, алы бунтгæнæгæй дæр революционер аразы. Мах хъуамæ равдисæм нæ паддзахы тых. Неклюдов. Раст у, фæлæ дын хъуамæ зæгъон, Петр Нико- лаевич: пъæлицæ кæмæй архайдтрй, уыцы зæронд мадзæлттæй Владимир Ульяновæн ницы бакæнæн ис, æдых сты уыцы ма- дзæлттæ Ульяновы ныхмæ. Д у р н о в о. Сымах либералон мадзæлттæ дзидзидай сывæл- лæтты хъастæй уæлдай не сты. Неклюдов. Ауындзæнтæ æмæ сæ сыбырæй не ’ртасын кæп- дзынæ, уыцы адæм æмдзыхæй, æмгуылфæй архайынц æнæхъæн дзыллæтæй. Бынтон æндæр хъуыддаг уаид, кусджыты ’хсæн ре- волюцимæ чи нæ тырны, ахæм къордтæ куы фæзынид, уæд,—уый бирæ фæлæмæгъдæр кæнид Ульяновы архайд. Д у р н о в о. О, фæлаэ Ульяновы зондыл хæст чи у, уыдонæй революцимæ чи нæ тырны, ахæмтæ нæй. Неклюдов. Бацагурдзыстæм. Куыд фæзыной, ууыл бацар- хайдзысТæм. Д у р н О/В о; Афтæ,' афтæ... Хъусын дæм. Неклюдов. Петр Николаевич, байхъус æмæ ма фæтæрс ма- ног хъуыдыйæ: ныртæккæ æхсызгон хъæуц бæлвырд зондыл арæзт чи уа, кæй з’æгьын æй хъæуы, æгæр стыр ’бартæ чи нæ дæдта, ахæм закъон. Кусджытæн сæ царды домæнтæ баххæст кæнын кæнæм, кæй зæгъын æй хъæуы, уый дæр æгæр парахатæй нæ, афтæ иу чысыл, фæсайынæн. Æмæ уый фæстæ кусджыты гю- литикæ дæр ницæмæн уал хъæуы æмæ Ульяновы пропагандæ дæр. Æрбацыд Андрей Оскарович. Андрей Оскарович. Уæ бæрзонддзинад, Владимир Ульяновы æрцахстам.
28 И. ПОЯОВ Д у р н о в о. (Мæсты цин кæнгæйæ). Агъа! (Андрей Оскарови- чæн). Бузныг. (Йæ къух ын исы. Неклюдовæн). Гъе уый та дын полицæйы зæронд мадза^лттæ! Æнхъæлдæн æмæ Владимир.Улья- новæн йæ разæй фæдæн æз, æмæ йын ныр йæ къордæн скæндзы- стæм кæрон. Неклюдов. Хуыцау зæгъæд! 9-æм ныв. Санкт-Петербург. Февраль. 1897 аз. Уат, æххуырст фатеры æддзаумæттæ. Уатæн йæ астæу æмбæрзт1 стърл. Стъолы раз Мария, Дмитрий рудзынджы цур, дыууæ дæр тарстхуызæй æнхъæлмæ кæсынц. Д м и т р и й. Акæс ма куыд рæсугъд у Петербург! М а р и я. Ай-гъай, æмбисонд. Ардæм куы æрбацæйцыдыстæм^ уæд та мæм афтæ касти, цыма Петербург æрмæст дæр Петропав- ловы’ фидар у,, уымæй фæстæмæ та иууылдæр ахæстæттæ... Ахæс- тæттæ, ахæстæттæ. Æмæ уыцы ахæстæттæн сæ тæккæ талынгдæ- ры та бады мах Володя. Дзæнгæрæг. М а р и я. Уый гыцци у. Æрбацыд Мария Александровна • Мария Александровна. Хъуыддаг ма хæрз чысыл цæйдæрты тыххæй фæстиат кæны. О, хуыцау! Вера Васильевна ам нæй? Нæ1 уыди ам? Ницы мын æрбахаста? М а р и я. Нæма æрбаздæхти. Мария Александровна. йæ хъуыддæгтæ ацаразынæн ын дæдтынц æгаеæй цалдæр сахаты. М а р и я. Цæугæ дæр куыд фæкæндзæн ахæм дардмæ! Фис- тæгæй цæуын дæр æй цæй бæрц бахъæудзæн!.. Мария Александровна. Æниу цы хуыфт кодта, ахæс- тонмæ йæм куы бацыдтæн, уæд!. р Д м и т р и й. Цас диссаг у? Афæдз æмæ æрдæг иунæгæй хи- цæн ахæстоны фæбад... Мария Александровна ацыди. Чысылгай цагъдæуы дзæнгæрæг. Мария дуар гом кæнынмæ азгъордта). Мария (æрбазгъоргæйæ, сабыргай). Митя, кæй нæ зонын иу ахæм лæг Володяйы агуры. Дмитрий (сценæйæ акæсгæйæ). Уый чи у, уый зоныс, Маняша?.. ччБабушкин (æрбахизгæйæ). Ма тæрсут. Æз Бабушкиы дæн. Æз уæм афтæ æхсгæ уад æрбакодтон. ■Мария. Бабушкин! Д м и т р и й. Иван Васильевич? Зонæм дæ, зонæм! Мар, н я. Мæнæ, мæнæ, уыцы Бабушкин... æмбисонды лæг, диссæгтæ...
БИНОНТÆ "9 * Б а б у ш к и н. Æз дæн æрмæст дæр Владимир Ильичы ахуыргæнинаг. Дмитрий, (Йæхи йын амоны, йæ къух бадаргъ кæнгæйæ.) Дмитрий Ульянов. М а р и я. Мария Ульянова. Бабушкин. Владимир Ильич нæма фæзынд? Д м и т р и й. Æнхъæлмæ йæм кæсæм. Бабушкин. Æрбахæццæ афон ын бæргæ у. Мæнæн, дуне куы рафæлдæха, уæддæр ын нæ хабæрггæ æнæ фехъусын кæн^ гæ нæй, стæй нæ дарддæры куысты тыххæй дæр ауынаффæ кæ- нæм йемæ. Д м и т р и й. Исты æрцыдис, мийаг — «Тохгæнæг цæдисы»? Бабушкин (дисгæнгæйæ). Æмæ «Тохгæнæг цæдисы» сы- мах дæр зонут? Сымах дæр ыл зæрдиагон стут? Мария. Мах, ме ’фсымæримæ иу зондыл лæуд стæм, æмæ нæ дыууæ дæр Владимир Ильичы ахуыргæнинæгтæ стæм, мæнæ дæу хуызæн. Бабушкин. (Мария æмæ Дмитримæ кæсы æхсызгонæй). Хорз, хорз... фæлæ уæддæр йæхæдæг нæма ис. Мæнæн та æн- хъæлмæ кæсæн нал ис. (Дардæй æрбайхъуысти заводы гудочы уасын). Уый мах тынг æхсызгон хъæуы, стæй куыд амал ис, афтæ тагъддæр! Зæгъут-иу Владимир Йлличæн, æнхъæлмæ йæм кæсæм, Путиловы заводы раз цы фатер ис, уым, кæм уый йæ- хæдæг зоны. Дзæнгæрæг. Дмитрий. Мæнæ ацы дуарыл ацу. Бабушкин ацыд. Д м и т р и й. Байхъус ма, Маняша. Бабушкин ам кæй уыд, уый тыххæй иу ныхас дæр нæ. Бамбæрстай? М а р и я. Искуы ма нæ, уый сусæгдзинад у. Мария ацыд дуар гом кæнынмæ, æрбаздæхтис Кашкадамоваимæ. Кашкадамова. Уæ бонтæ хорз, хæларзæрдæ адæм! По- лицæйы депортаментæй згъорын, раст. М а р и я (хъæр] кæны)\ Гыцци! Вера Васильевна ам ис. Мария Александровна (æрбацæугæйæ). Цæй, куыд^ Кашкадамова. Мæнæ. (Пакет æм дæдты). Дæуæн рай- стон уыцы гæххæтт. Мария Александровна гæххæтт-айста, ацыд. Кашкадамова. Мæхи йæм нал бауырæдтон æмæ йæ ай- хæлдтон. М а р и я. Гъы, æмæ куыд? Кашкадамова. Радтой йын бар! (Гæххæттыл фыстныхæс- тæй йæ зæрдыл кæй бадардта, уыдон дзуры.) Мария Алексан- лровна Ульяновайæн бар ис хурскæсæн Сыбырмæ ацæуынæн, йæ фырт Владимир Ульяновмæ, æртæ азы æмгъуыдмæ. Д м и т р и й. О, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, Володя не сразы уыдзæч,
.40 и. попоь уый зæгъдзæн «мæн нæ фæнды», мæ мад мæн тыххæй йæхи суæлдай кæна, æмæ мын йæхи нывондæн æрхæсса, уый. Кашкадамова. Цæуылнæ уæд? йæ мад æй бирæ кæн уарзы, стыр аргъ ын кæй кæны, уый тыххæй куы цæуы йемæ. Цæуылнæ хъуамæ сразы уа йæ мады уыцы чысыл мæт æмæ фы- дæбоныл, кæд æмæ йæхæдæг йæ чысыл æрыгон уæхсджы^æм ахæм стыр уаргъ айста, æмæ йæ сывæллон сæр нывондæн ’æр- хаста, уæд. Д м и т р и й. Уый йæ хъуыддаг нывондыл нæ нымайы. Мар.ия. Володяйы йæ цард æндæр ницæмæн хъæуы, æрмæст дæр гъе уыцы хъуыддаджы уыны йæ царды сæр. Дмитрий. Революционерæн, Вера Васильевна, тох кæнык. йæ сæр нывондæн хæссын, фыдæбон нæу, фæлæ а’монд. Кашкадамова. Амонд? Чизоны... хъуамæ афтæ дæр уа. Æрбацыд Мария Александровна. Мария Александровна. Цæй, сабитæ, Вера Васильев- на уын æппæт дæр радзырдта? Д м и т р и й. Ацу, гыцци, æнæмæиг ацу Володяимæ. М а р и я. Мах маэт ма кæн. Æппæтæй ахсджиагдæр Володя у, йе ’нæниздзинад, йæ хъуыддаг. Æз цингæнгæйæ радтин мæ цард, уый зонд, уый фæндагыл цæмæй ацæуон, уый тыххæй. Кашкадамова. Аня, куыд бакодта, афтæ. Д м и т р и й. Мæнæн дæр уыдзæнис иунæг фæндаг—Володяйы фæндаг. М а р и я. Вера Васильевна, мæн кæронмæ уырньг, Оля ма æгас куы уыдаид, уæд уый дæр ацыдаид уый фæндагыл. Кашкадамова. Мæ дзæбæх Мария Александровна! Æз ’ кæддæриддæр сымах, Ульяновты иузæрдион хæлар уыдтæн, кæддæриддæр сымахимæ, сымах фарс. Фæлæ уæддæр сымахыя, уеппæтыл ’дæр, бонæй бон тынгдæр дис кæнын. (Фыр цин, фыр уирзондзинадæй йæхи нал бауырæдта, базгъордта Мария Алек- сандровнæ æмæ сывæллæттæм). Мæуарзон хуртæ, мæ зынаргъ хæлæрттæ, уарзын уеппæты дæр. (Хъæбыс кæны сеппæтæн дæр.) Дзæнгæрæг. Сеппæт дæр фыр’ цинæй æрбатыхстысты. Мария аз- гъордта дуар кæнынмæ. Æнхъæлмæ кæсынц, уæдæ ныртæккæ Владимир Ильич æрбацæудзæн, зæгъгæ. Фæлæ Мария æрбаз- дæхт иунæ’гæй. М а р и я. Гыцци, письмо Володяйæ. Мария Александровна (акасти г&ххæтт). Володяйы ахæстонæй рауагътой... фæлæ уал ын раздæр «йе ’мбæлттæм æнæ бауайгæ нæй...» Кашкадамова. Цæй, гъа... Æндæр хуызон нæ фæци. МарияАлександровна. Банхъæлмæ йæм кæсдзыстæм... П а у з а. Д м и т р и й. Мæнмæ афтæ кæсы уæддæр, гыцци, æмæ Воло- дя ницæйы тыххæй сразы уыдзæн, ды йемæ ацæуай, ууыл.
БИНОНТÆ 31 Мария Александровна. Уый та куыд? Æмæ æз куынæ уон, уый фæндыл разы, уæд та? Д м и т р и й. О, фæлæ йын йæ хъуыддаджы пайдайæн æнæ афтæ бакæнгæ куынæ уа, уæд та? Мария Александровна (хъуыдыгæнгæйæ). Кæ;г æмæ... йæ хъуыддаджы пайдайæн? Уæд ын æз зæгъдзынæн. (Дзуры, цыма Владимир Ильич йæ цуры лæууы^ уыйау.) «Мæ лæппу, кæмдæриддæр уай, алы ран дæр æз уыдзынæн де- мæ...» (Ахъуыды кодта, стæй та ногæй Мария æмæ Дмитрийæн). Неппæт хъару дæр, неппæт цард дæр уымæн^ йæ ахсджиаг йе стыр хъуыддагæн нывонд... Фæталынг. Фæталынгимæ æваст ныууасыд фабрикæйы гудок. 10-æм ныв. Кæсæн залы талынг. Заводы гудок фыццагау уасы. Кусджыты сыхьг иу чысыл уат. Лампæйы бын рухс зиллакк. Цалдæр кусæджы: Уый у «Кусджыты къласы сæрибарыл тохгæнæг цæдисы» æмбырд. Гудок банцад. Адæм ныхъус сты, хъусынц. Æдтейæ æрбайхъуыстис бæхджын патрульты бæхты къæхты хъæр. Къæхты хъæр сабырæй сабырдæр кæны чысылгай, стæй бынтондæр ныхъус—афардæг сты. Æрбацыд хъахъæнæг. Хъахъæнæг. Уæ куыст кæнут дарддæр. Стряпунов. Хъусут уæдæ дарддæр. Уырыссаг кусæг лæ■ гæн раджы у нырма политикæйыл тох кæнынæн, уый онг нæйа срæзти. Тагъдгомау æрбацыди Бабушкин. Бабушкин. Æмбæлттæ, стачка райдыдта. Æрыгон хъæлæс. Мæлæт паддзахæн! Стряпунов. Хъусут? Кусджытæ сæ тугвæллой капекк хъахъæнынц, Бабушкин та сæ политикæйы ’рдæм ласы. Щелгунов. (Мæстæлгъæдæщ Стряпуновæн). Стыр хъыг æмæ худинаг у дæ ныхæстæм хъусын! Н и к и ти ч. (Стряпуновæн). Ды худиыаг кæныс революционе- ры стыр кадджын ном! 1-аг кусæг. Дзурын-ма бауадзут Васцлий Андрёевич Щел- гуновы!.. ЩелГунов, Æмбæлттæ! Мах æнхъæлмæ кæсæм Владимир Ильичмæ. Уый нын зæгъдзæн... Стряпунов (йæ цыхас ын исгæйæ). Уый зæгъдзæн? Кæд- мæ нын дæтдзæн цымæ разамынд ахæстонæй? Уый ахæстонмæ махæй хуыздæр зоны кусæг адæмы змæлдæн йе ’ууæлтæ? Щелгунов. Уæдæ адзурæм æргом. Мах ныртæккæ хуымæ- тæджы хъуыддаджы тыххæй не’рбамбырд стæм. Нæ «Тохгæиæг цæдис»-ы адæм сеппæт кæрæдзи дзырд нал æмбарынц... Кус- джыты змæлды уынæр та бæрзондæй бæрзонддæр кæны. Уыцы змæлд махмæ сиДы, цæмæй неппæт дæр суæм адæмы раздзæу-
32 БИНОНТÆ джытæ. (Стряпуновмæ). Ды та тæрсгæ кæныс дзыллæйы ты- мыгъæй. Æрбацыд дыккаг кусæг. 2-ар кусæг. Обуховы заводты кусджытæ сæ куыст ныууагь- той! Æрбацыд сылгоймаг кусæг. Кусæг сылгоймаг. Гæххæтты фабрикæйы сæ куыст ныу- уагътой! Æрбацыд æртыккаг кусæг. 3-аг кусæг. Путиловы заводы городовойтæ хуымæтæджы дарæс сæ уæлæ, афтæмæй... Уынгæй та бæхты къæхты хъæр æрбайхъуыст. Агъуысты иууылдæр ныхъус сты. Æдтæрдæм хъусынх^. Къæхты хъæр банцад. Æрбацыд хъахæнæг. X ъ а х ъ æ н æ г. Уæ куыст кæнут. (Ацыд.) 3-аг кусæг. (Дзуры дарддæр) ...Хуымæтæджы дарæс сæ уæлæ, афтæмæй сайæн гæххæттытæ хæлиу кæнынц, уыцы гæх- хæттыты министртæ Муравьев æмæ Витте кусджытæн лæгъсУæ кæнынц, уе стачкæйы—политикæйы кой ма кæнут, зæгъгæ. X ъ æ л æ с. Министртæ дæр мах сымсымæгты фарс фесты! Б а б у ш к и н. Цалынмæ мах «Тохгæнæг цæдис» фæзынд, уæдмæ цымæ уырыссаг революционертæй исчи æнхъæл дæр уы- дис, кусæг адæмы змæлд афтæ дардыл анхъæвздзæн, уый? Æма> гъеныр (Стряпуновмæ). О, гъо, гъеныр, Владимир Ильич нæ куыд ахуыр кæны, афтæмæй нæ размæ стын байдыдта, стыр, æнæкæрон стыр нысаи. Стряпунов. Цавæр нысан? Б аб у ш к и н. Мах хъуамæ, сæхи уавæры чи ныггуыпп ласы, уыцы хицæн бунтытæ баиу кæнæм æмæ сæ саразæм иугонд стыр тохмæ, паддзах æмæ хъæздгуыты ныхмæ, æгас уырыссаг кус- джыты кълас дæр хррз кæй æмбара, бæлвырд цæттæгонд сын чи уа, ахæм стыр1 тохмæ! Гъе уый дьщ нæ нысан. Щелгуиов. Владимир Ильич ахæстоны бацæттæ кодта йæ фвдæны партийæн программæйы проект. Стряпунов. Уый ма суанг парти саразыныл дæр куы бай- дыдта, куыддæр ын уæлдай тыхджындæр йæ фæсонтæ æмæ йæ афон иæма æрцыд. Нæма сцæдтæ ис уырыссаг кусджыты къласс. Æгæп тагъд кæнут. 1 -аг к у с æ г. (Мæстæймарæгау): Сабыр лæсгæйæ, (Уæнгмард, тæрсгæйæ? Сабыргай лæс, Къусджыты кълас . Ветров. Сымах Питермæ гæсгæ. дзурут, амы хуызæн æя- хъæл стут алы раи дæр, æгас Уæрæсе та фынæй у нырма.
БИНОНТÆ 33 Щелгунов. Уый раст нæу. Не ’мбæлттæ фæзылдысты стыр горæттыл. Алы ран дæр змæлын байдыдтой кусæг адæм. Бабушкин. Дард фæскавказæй дæр нæм ис хабар, Уæрæ- сейы иннæ кæронæй: Уым дæр Владимир Ильич цы хаххыл лæуд у, ууыл лæуд сты. Никитич. Æмæ уым дæр кусджыты змæлдæй гуыры æм- бисонды курдиатджыа лæгтæ. Стряпунов. Чи, чи, иу ма дзы зæгъ. Хъæлæс. Чи, ном ын нæй, ном? Бабушкин. Сталин! Уый тыххæй нæм фыссы Виктор Кур- натовский, уый тьщхæй нæм фыссы Михаил Калинин... уыдон æй сеппæт дæр хонынц Сталин. Уый дæр Владимир Ильичы хуызæн тохы фæндагыл лæуд у, уый дæр иугонд революцион кусджыты парти саразыныл архайы. Щелгунов. Æмæ уый дæр æгъатырæй дæрæн кæны, не стыр нысанмæ фæндагыл цыдæриддæр фæзыны нæ размæ цæлх- дурæн, уыдоны сеппæты дæр. Уынгæй та æрбайхъуысти бæхты къæхты хъæр. Иууылдæр ныхъуыстой. 2-аг кусæг (сабыргай.). Нæ алыфарс иууылдæр полицæйзз байдзаг ис. Сылгоймаг кусæг. Æмæ уæд Владимир Ильич та? Фæн- дагыл æй куынæ æрцахсиккой. Бабушкин. Тыхсгæ ма кæнут, æмбæлттæ. Владимир Ильйч ардæм, зæрдæдарæн кæуыл ис, ахæм адæмимæ æрбацæудзæн. Бæхты къæхты хъæр бахъус. Хъахъæнæг. (Æрбацæугæйæ). Æмæблттæ... Владимнр Ильич. Сеппæт дæр базмæлыдысты. Æрбацыд Владимир Ильич. Владимир Ильич. Уе ’хсæвтæ хорз, мæ зынаргъ хæ- лæрттæ! Хъæлæстæ. Владимир Ильич! Ильич! Владимир Ильич та немæ ис! Цины (Ьембæлд. ((Иууылдæр бырсынц Владимир Ильич- мæ. Сеппæтæн дæр сæ къухтæ исы). 2-аг кусæг. Де’нæниздзинад куыд у, Владимир Ильич? Сылгоймаг кусæг. Тынг зын дын уыдис ахæстоны? Владимир Ильич. (Хъазæнбылæй)к Цытæ дзурыс. Æр- мæстдæр гъе ууыл хъыг кæнын мæхæдæг... - Сылгоймаг кусæг. Дæуыл? Цæуыл? X ъ æ л æ ст æ. Цæуыл? Цæуыл? Владимир Ильич. ...Æгæр раджы мæ кæй рауагътой ахæстонæй, гъе ууыл. ( Иууылдæр худынц.) Сылгоймаг кусæг. Владимир Ильич, уæддæр нæ уадзыс ’дæ хъазæн ныхæстæ! Æрыгон кусæг. Æмæ-иу уæд сусæг сыфтæ та куыд фыс- тай ахæстоны? ,)
34 и. попов. Владимир Ильич. Æхсырæй-иу фыстон рæнхъыты ’хсæнты. Хъахъæнæг. Æмæ дæ куы базыдтаиккой, уæд та? Владимир Ильич. Чернилæдон та-иу скодтон дзулæй. Куыддæр-иу хъахъæнæг дуары цæсты раз фæзынди, афтæ-иу уаи- тагъд мæ чернилæдон аныхъуырдтон. Сусæгдзинад æмбæхст, гуыбын æфсæст. (Иууылдæр хъæлдзæг худт кæнынц). Цæй, уæдæ, æмбæлттæ, нæ хъуыддагмæ... Дзургæ Ивац Ва- сильевич, ног хабарæй нæм цы ис. Бабушдин. Мæнæ нæм ацырдыгæй, Владимир Ильич, (Стряпуновы ’рдæм амоны) хабæрттæ зынын байдыдта... Нæ то- хы фæндагмæ ног куыд æркæсæм, уый тыххæй. Владимир Ильич. Зонын æй. Щелгунов. ...Нæ карз тох куыд фæфæлмæндæр кæнæм,. уый тыххæй. - Владимир Ильич. Фехъуыстон. Никитич. ...Нæ революцион тырыса куыд бафснайæм, уый тыххæй.. Владимир Ильич. Сургæут уæ астæуæй уыцы мамæла- йы комдзагыл тохгæндытжы, сурга^ут паддзахы фынгисæккæг- тыл зилджыты. ИууьщДæр базмæлыдысты, се ’хсæнæй хъуысы: «Раст у!» «Раст зæгъыс!» Щ е л г у н о в. Владимир Ильич, кусджыты змæлд хæлиу кæ- ны æгас бæстыл... Владимир Ильич. Иттæг, йттæг хорз... (Уалынмæ æваст цины * хъæр фæкодта) Æмæ уæд фæскавказы тыххæй фе- хъуыстат?! ’ ч Хъæлæстæ. Фехъуыстамэ зонæм уый дæр! Ныртæккæ йæ Бабушкинæй фехъуыстам. Владимир Ильич. Уæдæ алцы дæр зонут фæскавказы тыххæй? Хъæлæстæ. Уым ис Сталин! Владимир Ильич. Иттæг хорз, фехъусын кæн Иваи Васильевич, мæ номæй тыхджын хæлары салам æмбал Сталинæн, æмæ йын йæ къух райс. Æз уæм сидын, мæ хæлæрттæ: бо- нæй-бон тыхд^ындæр парахат кæнут уæ бастдзинад,' æгас Уæ- рæсейы æппæт кусджытимæ дæр. Мах, «Тохгæнæг цæдис» хъуа- мæ суа, цы парти саразынмæ хъавæм, уымæн йæ бындур. Бабушкин. Мах ныртæккæ лæууæм партийы туырæн уаты. Владимир Ильич. Æмæ мах сараздзыстæм æнæфæцудгæ стыр æмæ домбай парти. (Бабушкин, Щелгунов базарыдысты:)^ «Хъизæмар сау мигътæ зилыцц нæ сæрмæ...» Иууылдæр зарынц. ’Æ м б æ р з æ н, Цæлыккаты М. тæлмац.
МАМСЫРАТЫ ДÆБЕ КÆСÆГТЫ БАЛЦ I. Цъыллинг — æрыгон рæсуГъд кæсаг у. Йæ тымбыл, æнæны- къулгæ цæстытæ авджын фæрдгуыты хуызæн сты æмæ сæ æдзух дæр сæрæн æмæ хъæлдзæг каст кæны. йæ буар кæрæй кæронмæ æмбæрзт у æвзисты хуызæн урс-урсид æрттиваг цæп- пæртæй. Иæ чысыл сырхбын ленкгæнæн базыртæ æрмæст рæ- сугъд не сты, фæлæ йын тынг тыхджын сты æмæ иннæ кæсæг- тæй тагъддæр уымæн ленк кæны. ] Гыццыл ма куы уыдис Цъыллинг, уæдæй фæстæмæ дæр ин~ нæ кæсæгты æхсæн бæрæг уыдис йæ тагъд ленкæй, йæ рæвдз фæзылдæй, йæ хъæлдзæгдзинадæй. Уæдæ ленкгæнæн фæндæгтæ дæр уый куыд хорз дардта йæ’ зæрдыл, аф.тæ сæ ничи дардта. Æмæ-иу уымæн арæх дзырдта кæсæгты хисдæр: — Мæныл исты куы æрцæуа, уæддæр кæсæгтæн ныр ис, бал- цы фæндæгтыл сæ раст чи кæндзæнис, ахæм раздзæуæг. Уый у Цъыллинг. Уый æппæт дæр йæ зæрдыл хорз дары æмæ фæндаг никуы фæрæдидзæн. Фæлæ кæсæгты хисдæрæн йæхицæн дæр мæлынæй тас нæма уыд, уымæн æмæ уыйбæрц зæронд нæу, йæ хъару ма йæхимæ ис. Ленкгæнгæйæ-иу æнæбары йæ къæдзилы цæф кæуыл ауадис, уый йын хорз зыдтанйæ хъару. Уæдæ тагъд ленк кæнынæй дæр йæ разæй бирæты нæ ауагътаид, æрмæст ыл дугъты Цъыллинг уæлахиз кодта, фæлæ-иу уый разæй дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ фæцис. Æмæ йын мæлын афон бæргæ тагъд нæма уыдис, бынтон æнæнхъæлæджы йыл иу баеллæх куынæ æрцыдаид рагуалдзæ- джы, уæд. ч . 4 Уыцы аз уалдзæг раджы ралæууыдис. Доны быны цæрджы- тæм алырдыгæй хъуысын райдыдта доны бæзджын ихты къæр- къæр, .ихы сæстытæ, æнцад доны ленк кæнгæйæ, кæрæдзиуыл сæхи куыд хафтой, уый сыхсых.
35 МАМСЫРАТЫ ДÆБЕ. Уалынмæ ихтæ иууылдæр тайгæ афардæг сты денджызмæ æмæ Волгæйы уæлцъар байгом. Уалдзыгон хуры рухс тынтæ хæццæ кæнын байдыдтой доны бынмæ кæсæгтæм дæр. Дон уазал уыдис уæддæр, стæй кæсæгтæн сæхи буар дæр уазал у æмæ хъармыл ахуыр не сты, фæлæ уыдонæн дæр æхсызгон уыдис уалдзыгон хуры уынд æмæ æвзыгъддæрæй цъыллинджытæ кодтой. Кæсæгты хисдæр йæхи дæр æмæ балы дæр цæттæ кодта дард балцмæ, доны райдайæнтæм цæуынмæ. Уым хъуамæ акалой сæ еугæфтæ æмæ уыцы еугæфтæй сæрды ног сæвзæрдзæн. мингай кæсæгтæ. Æмæ иу хур бон, Волгæйы дон уыцы рæсугъдæй, кæддæрид- дæрау, æнцадгай куы калдис, уæд хисдæр загъта йæ балæн: — Иууылдæр мæ фæдыл рараст ут. Уæ кæрæдзи ма схойут, дон арф æмæ уæрæх у æмæ неппæтæн дæр ленк кæнынæн фаг у,—æмæ- йæхи ленк гæнгæ ауагъта доны гуырæнты ’рдæм. Иу ран сæм кæцæйдæр дардæй хъуысын байдыдта æнахуыр уæззау гуыргуыр. Кæсæгт^ы раздзог фæтæрсæгау кодта æмæ йæ бынаты зилый^ байдыдта. Уый хорз зоны, Волгæйы наутæ куыд фæгуыргуыр кæнынц, уый. Уæдæ иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдис балцы, Каспийы ден- джызы æмæ уымы стыр, уæззау наутæ куыд гуыргуыр кæнынц, се стыр цæлхытæй дон фыцæгау куыд змæнты, уый дæр хор-> зоны. Фæлæ йæм ныртæккæ цы гуыргуыр æрбайхъуыст, уый нау- тæй иуы гуыргуыры хуызæн дæр нæу. Раст цыма дон йæхæдæг нæ, фæлæ доны бын цы зæхх ис, уый дæр дзы ризы, афтæ сæдо кастис. Иу чысыл дызæрдыг зылдтытæ акодта кæсæгты раздзог, цæй хъæр уыдзæн, ууыл ахъуыдытæ кодта, æмæ та сындæгдæр ленк гæнгæ ацыдис дарддæр. Куыд ленк кодтой, афтæ сæм хæстæгæй- хæстæгдæр хъуысыдис гуыргуыр, фæлæ фæндагæн ныууадзæн нæ уыдис, еугæфтæ афоныл акалын хъуыдис. Иу хатт сæм хæрз хæстæгæй æрбайхъуыст гуыргуыр æмæ дон рог змæст уыдис. Балы раздзоджы зæрдыл æрбалæууыдис, иу цалдæр боны разæй йæ рæзты цы бал ныиивгъуыдта, уыдоны раздзог ын цы дзырдта, уый. — ^1æ фæндæгтыл цæуын тынг тæссаг ссис,—зæгъгæ, йын афтæ дзырдта уый.—Адæм æрхъуыды, кодтой цавæрдæр стыр зæхцъирæн машинæ «Зæхцъирæн снаряд» кæй хонынц, ахæм. Уыцы машинæйæн йæ даргъ æфсæйнаг фындз доны ауадзынц. Йæ фындзыл та ис стыр базырджын винт. Уыцы винт афтæ тагъд зиэты æмæ йыл цæст нæ хæцы. Уый къахы доны бын’зæхх, хæццæ йæ кæны ^донимæ æмæ дзы лакъон аразы. Лакъоны цъи- ры трубатæм æмæ йæ ставд æфсæйнаг трубатыл аедтæмæ скъæ- фы иу фондз километры бæрц. Уыцы ран лакъон кæлы æмæ йæ дон фæстæмæ æндæр трубатыл ’уайы Волгæмæ, лакъонæй та
КÆСÆГТЫ БАЛЦ 37 рæзы хохы йас зæххын ауæзтытæ. Уыцы винты бын хуыцау ма ба- хауын кæнæд кæсаджы, уæд ын йщ мард дæр ничнуал ссардзæи. Йæ бынмæ бахауын та æнцон у, дон лакъон æмæ змæст у абмæ дзы ницы фенæн ис. ’ Н^ф, дон змæстæй куы федта, уæд уыцы ныхæстæ йæ зæр- дыл æрбалæууыдысты. Куыд дарддæр ленк кодтой, афтæ дон змæстæй змæстдæр кодта æмæ дзы æппындæр ницыуал уынæн уыдис. Гуыргуыр та хæстæгдæрæй хъуысыдис æмæ тыхджындæр кодта. Тас бацы- дис раздзоджы, фæлæ йæ тас нæ хъæр кодта иннæтæн—фæу- даист уыдзысты æмæ зæхцъирæн снаряды рæзты ленк кæнын нал бакомдзысты., Ленк та æнæ кæнгæ нæй уыцы змæсты. Адæм, кæй зæгъын æй хъæуы, кæсæгты тыххæй сæ куыст нæ бауыромдзысты æмæ дон не ’рбаддзæн. Кæсаг раздзог йæхи фæхъæбатыр кодта. — Мæ фæдыл тагъддæр! — фæдзырдта балмæ æмæ йæ ба-' зыртæ тыхджындæр скуыстой. Хъуамæ аленк кæной исты амæлл. тæй зæхцъирæны рæзты æмæ аирвæзой рæсугъд донмæ. Куыд дарддæр доны змæст бæзджынæй бæзджындæр кодта æмæ дзы балы кæсæгтæ кæрæдзи нал уыдтой, нал уыдтой сæ раздзоджы дæр. Цъыллинг раздзогæн йæ хæрз фæстæ ленк кодта чысыл иуфарсгомау, фæлæ йæ уый дæр нал уыдта. Æнхъæлæй лепк кодтой йæ фæдыл, змæсты схуыстой, цавтой кæрæдзи æмæ размæ тырныдтой. — Цъыллинг, бауыром балы, æз æнхъæлдæй цыдæр бæллæхы бахаудтон,—змæсты кæцæйдæр райхъуыстис раздзоджы хъæр. Цъыллинг йæ бынаты фæзылдис, фæлæ йæ балы кæсæгтæ сæ хъæлæсы ахастой. — Æрлæуут, сæфæм иууылдæр,—фæхъæр сыл кодта Цъыл- линг æмæ уæд кæсæгтæ сæ бынæтты зилын систой. Цъыллинг хъуыста, кæд ма уыцы æнахуыр тыхджын гуыргуыры æхсæнæй раздзоджы хъæр райхъуысид, зæгьгæ, фæлæ уый ницыуал уы- иæр кодта. Уыцы рæстæджы раздзог хъуырдухæн кæнгæйæ &нæ уынæ- рæй ацаутæ кодта доны зилдухæнæй раирвæзыныл, фæлæ йæ бон ницы уыдис. Уый бахаудта, зæхцъирæны винТ’ кæй змæста, уыцы лакъоны тыхджын зилдухæнмæ; ахæм тыхджын зилдухæн’ никуы федта æмæ никуы фехъуыста, ахæм зилдухæны кой дæр. «Трубатæм мæ куынæ бацъирид», — ахæм тæссаг хъуыды йæ цух нал уагъта. Бирæ фæтухи кодта раздзог æмæ куыд фæстæмæ æмбарып байдыдта йæ хъару куыд сæтты, уый. — Цы уа, уый уæд: мæхи зилдухæны бар ауадзон, — зæгъ- гæ-иу ахъуыды’ кодта, фæлæ йæ дон нæ уагъта. Иу хатт та тыхджын зылд куы фæкодта, уæд ма бамбæрста
33 МАМСЫРАТЫ ДÆБЕ. йæ астæустæгыл цæйдæр уæззау цæф кæй сæмбæлыд, уый, стæй ницыуал бамбæрста, нал райхъуыст йæ уынæр балмæ. Цъыллинг бирæ фæзилдухæн кодта, стæй доны уæлцъармæ йæхи систа, кæд уым афтæ змæст нæ уаид æмæ афтæ тыхджын зилдух нæ кæнид лакъон, зæгъгæ. Æцæг дон уæлейы уыдис рæсугъддæр æмæ тыхджын зилдух нæ кодта. Æмæ доны уæлцъарыл федта Цъыллинг, цы фе- нынæй тарстис, уый: Раздзог доны уæлцъарыл хуыссыдис уæл- гоммæ. йæ цæстытæ ма гомæй фæрдгуытау æрттывтой, фæлæ уынгæ ницыуал кодтой, йæ гуыбын уæлæрдæм уыдис æмæ хуры рухсмæ ’урс-урсид æрттывта. Йæ къæдзил, фæстаг ленкгæнæн ба, зыртæй фæстæмæ йæ уæлæ нал уыдис; æвæццæгæн æй зæхцъи- рæн сраряд йæхимæ бацъырдта æмæ йæ дзргъ трубатыл кæдæм- дæр .ахаста. , Цъыллинг фехъусын кодта балы кæсæгтæн, цы стыр бæллæх сыл æрцыд, уый. Уыдон дæр уæлæмæ сленк кодтой, æрæмбырд сты мардыл æмæ йыл фæхъыг кодтой. — Уымæн мах бон ницыуал у. Фæлæ неппæтæй арæхстджьга- дæр, фæндæгтæ зæрдыл дараг ды дæ^ Цъыллинг, æмæ нæ дæ фæдыл акæн,—загътой кæсæгтæ. Мар^ы уым доны уæлцъарыл ныууагътой, уæдæ цы гæнæн уыд, æмæ дарддæр аленк кодтой. Куы ма загътам, дон йæ’уæл- цъармæ æввахс рæсугъддæр æмæ æнцаддæр уыдис, æмæ сæ ууылты акодта Цъыллинг зæхцъирæны иу фæрсты. Сыгъдæгдæр, донмæ куы ахæццæ сты, уæд сын фенцондæр, æмæ хъæлдзæг цыдаиккой, сæ раздзоджы мардыл куынæ хъыг кодтаиккой, уæд, II. Цъыллинг кæд цыфæнды сæрæн æмæ фæндæгтæ зæрдыл да- раг кæсаг уыдис, уæддæр.æм нæма уыдис фæлтæрддзинад æмæ йьш раздзоджы бынаты зын уыдис. Цæй амондджын-иу уыдис, йæ разæй-иу фæлтæрд æмæ’ арæхстджын зæронд раздзог куы ленк кодта, уæд! Уый фæдыл-иу æнæмæтæй, хъазгæйæ цъыллйнджы- \æ кодта. Ныр та йæхæдæг у раздзог æмæ æнаэхъæн бал йæ бæр. ны сты. Гьщцыл æмæ æнцон хъуыддаг у, уый?! Уæлдай дæр ныртæккæ цыфæнды фæлтæрдджын раздзогæн дæр зын уаид. Адæм бацауæзтытæ котдой дæттæ, бетон ауæз- тытæ æмæ сыл электростанцæтæ аразынц; фæндаг, раздæры бæ- рæггæнæнтæм гæсгæ тынг зын ссарæн ссис. Фæлæ ленк кæнын хъæуы разæй, æндæр ницы гæнæн ис, Агурын хъæуы раст фæндæгтæ, адæм бæрæггæнæнтæ кæм аив- той, уыцы рæтты. Æмæ ленк кæны дарддæр. Иу ран дызæрдыгæй мамазила кæнын райдыдта Цъыллинг.
КÆСÆГТЫ БАЛЦ 39 Волгæ-иу ацы ран æмраст калдис; ныр дзы цавæрдæр къабаз ацыдис галиуæрдæм. Ноджы ахæм къабаз никуы федта Цъыл- линг. Дон æнæуи зæххæй донгомы нæ бацыдис, фæлæ бацыд пæ былтæ бæрзонд амад кæмæн сты бетонæй, ахæм донгомауы. Ноджы дзы бацæуæны кæд ис дынджыр æфсæйнаг дуæрттæ. Зилы Цъыллинг йæ бынаты æмæ хъуыды кæны, балы кæцы- рдæм акæна, ууыл. Йæ алыфарс мамазила кæнынц, балы бирæ кæсæгтæ дæр æмæ æнхъæлмæ кæсынц цы суынаффæ кæндзæн, уымæ. Уыцы рæстæг Цъыллинг дардмæ ауыдта цавæрдæр кæсæгты стыр бал. Уыдон дæр иу æнцад ран мамазкла кодтой. Ахæм са- хат афæрсын хорз у, чизоны æмæ уыцы балæн сæ раздзог зонд- джын æмæ фæлтæрдджын у æмæ сын феххуыс йæндзæн растдæр фæндаг ссарынæн. Æмæ аленк кодта уыцы балмæ. Саламтæ сын радта æмз? сыи сæ раздзоджы бафарста: — Зæгъ-ма мын, хорз кæсаг, сымах Волгæйы кæсæгтæй стут’ .æви Каспийы? — Дæ фарст дын хорз не ’мбарын хорз кæсаг. I — Цы йæ æмбарын хъæуы? Ис стыр дон Волгæ æмæ ис ден- джыз Касгти. Иу ран дæр æмæ иннæ ран дæр цæры кæсæгтæ æмæ дзы сымах кæцытæй стут? — Мæ хур, хорз кæсаг, — загъта раздзог Цъыллингæн, — мах кæддæр фехъуыстам Волгæйы кой дæр æмæ Каспийы кой дæр, фæлæ уыдон ардыгæй уый бæрц дард сты æмæ кæцырдыгæй сты, уый зонгæ дæр ничи кæны махæй. — Фынтæ дзурыс æмæ дæ хъал ракæнон, æёи цытæ хъусын? Куыд нæ зонут Волгæ дæр æмæ Каспи дæр кæм сты, уый, ныр- тæккæ кæм ленк кæнут, уый Волгæ куы у, уæд! — Мæ хуры чысыл, ацу æмæ дæхи дохтыртæн фенын к!æн. Дæ низы ахаст хорз нæу. — Æмæ мæм цавæр низ æнхъæл дæ? — Ис, сæр кæмæй фæдзæгъæлтæ кæны, ахæм ыиз æмæ йæ хос дохтыртæм ис. ’ , — Бахатыр кæн, фæлæ мæнмæ иунæг низ дæр нæй. Кæд дохтыры æххуыс хъæуы, уæд, æвæццæгæн, дæу. — Ахæм ныхæстæ< чи кæны, рынчын уый у. Уæдæ кæдæм ба- гæпп кодтай Волгæ æмæ Каспимæ? Мах райгуырдыстæм æмæ сырæзыдыстæм мæнæ ацы доны, йæ ном’ хуыйны .Аму-Дарья. Нæ денджыз та Аралы денджыз хуыйны æмæ уым дæр ацæрæм, фæлæ ныртæккæ цæуæм Аму-Дарьяйы гуырæнтæм еугæф ка- лынмæ. . ’’ — Æцæг зæгъыс ды, дæ сæр дзæгъæлтæ кæны, уый раст у. Фæлæ æз ацы доны райгуырдтæн,* ам схъомыл дæн æмæ йæ ном Волгæ хуыйны. Каспийы денджызы дæр ацæрæм, фæлæ ныртæк- кæ леню кæнæм доны гуырæнтæм, мах дæр еугæф калынмæ.
40 МАМСЫРАТЫ ДÆБЕ. Чизоны æмæ ма кæрæдзийæн карздæр уайдзæфы ныхæстæ загътаиккой, фæлæ сæ размæ æрбаленк кодта балы ацæргæдæр кæсæгтæй иу æмæ загъта сæ раздзогæн: — Кæрæдзкмæ мæсты ма кæнут. Æцæг Волгæмæ кæд æрба- хаудтам, уымæй тас у. — Æрхъуыды кодтай ды дæр! — бабустæ йын кодта раз- дзог. — Куыд бахаудтам Аму-Дарьяйæ Волгæмæ, йе ’хсæн дон- вæндæгтæ куы нæ ис, кæсаджы та зæххыл ленк тæнгæ куы ничи федта, уæд? — Цыма æцæг Волгæмæ æрбафтыдыстæм, мæнмæ афтæ кæ- сы, — загъта хъæбæрдæрæй уыцы кæсаг. — Раст у, ныронг Вол- гæйæ Аму-Дарьяйы æхсæн донвæндæгтæ кæй нæ уыдис, уый. Фæлæ ма хъуыды кæныс, иу хатт нын къанауты тыххæй цытæ дзырдæуыди, уый? Мæнмæ афтæ кæсы æмæ адæм ахæм къана- уæй сиу кодтой Волгæ æмæ Аму-Дарьяйы, мах та рарæдыдыс- тæм уыцы къаыауыл. Уæдæ нæ донвæндæгтæ иннæ азты хуызæн æппындæр нæ уыдысты, цы денджызы цыдыстæм, уый дæр мæм æгæр стыр фæкастис, стæй йæ дон дæр цыма чысыл æндæр хуы- зон ад кодта. Уæдæ цæугæ дæр кæнæм, иннæ хæттыты-иу цас цыдыстæм, уымæй цыппар хатты фылдæр, уæддæр нæ фæндагæн йæ кæрон нæма зыны. Раздзог ныхъус ис æмæ цæуылдæр бирæ фæхъуыды кодта. — Дызæрдыггаг нæу, адæм Аму-Дарья æмæ Каспийы денджыз къанауæй кæй оиу кодтой æмæ ууыл кæй æрбафтыдыстæм ар- дæм, уый. Фæлæ уæд дарддæр уæ фæндаг кæдæм дарут? — Нæхæдæг дæр ын ницыуал зонæм, ам дæр уымæн фæса- быр стæм æмæ кæцырдæм цæуæм, уый нæ зонæм. Ды кæд арды- гон кæсаг дæ, уæд цæуæнтæ хуыздæр, зондзынæ æмæ нæ дæ фæ- дыл акæн. — Зонгæ сæ... кодтон, раст куы зæгъон, уæд. Фæлæ нын с*æ адæм афтæ ивынц æмæ сæм сæ фыццаджы пълантæй ницыуал ис; фæндаг ссарын ныр зынæй зындæр кæнын райдыдта... — Уыцы уавæрты дæр дæуæн æнцондæр арæн уыдзысты фæн- дæгтæ. — Агурын сæ хъæуы, уæдæ цы бачындæуа? Рацæут нæ фæ- дыл. Бацæуæм уал галиуæрдæм къабазмæ. Иу чысыл дзы ба- ленк кæндзыстæм æмæ кæй рæдийæм, уый кæд бафиппайæм, уæд фæстæмæ раздæхдзыстæм æмæ рахизæрдæм аленк кæн- дзыстæм. Æмæ аленк кодта йæхи балмæ. Акодта балы йæ фæдыл æмæ ленк райдыдтой галиуæрдæм къабазмæ. Сæ фæдыл та ленк кодтой аму-дарьяйаг кæсаг-уазджыты бал. 1 , < * III. Балы разæй ленк кодта Цъыллинг. йæ цæрæн бонты цы хуы- зæн рæтты,нæма ленк кодта, ахæмты. Доны фæрстæ уыдысты
КÆСÆГТЫ БАЛЦ 41 æмхуызон раст, лæгъз æмæ æмхуызон дурæй астæрд. Æмæ- ма уый, чизоны афтæ диссаг нæу: Ам донмæ, æвæццæгæн^ ахæм миниуæг ис æмæ йæхæдæг лæгъз кæны йæ къултæ, стæй сæ ду- рæй дæр йæхæдæг астæры. Фæлæ мæнæ æрбахæццæ æппындæр кæй никуы ма федта, ахæм ранмæ. Доны дыууæ фарсы хæрдмæ фæцыдысты дыууæ бæрзонд къулы. Уыдой уырдурæй астæрд нæ уыдысты, фæлæ даргъ æмæ фæтæн, лæгъзгонд бетон фæйнæджытæй. Уыцы къул- тæ тынг бæрзонд фæцыдысты æмæ фесты бæрзонд рæсугъд дыу- уæ хæдзарæй, алчи дæр дзы æртæ уæладзыджы. Уыцы ранæй йæм стыр авджын верандæйæ зыны иу лæг, мо^ ряктæ кæй фæдарынц, ахæм урс дарæсы, Уым цыдæртæ архайы пульты раз. Къултыл та дыууæрдыгæй ис тынг бæрзонд сырх ахуырст бæзджын æфеæйнаг дуæрттæ. Уыдæттæ диссаг дæр| кастысты Цъыллингмæ æмæ сæ тæрсгæ- дæр кодта. йæ ленк фæсабыр кодта æмæ иу ран зилгæйæ кас- тис шлюзæмæ. Шлюзæ кæй уыдзæн, уый та базыдта, къанауты тыххæй цы хабæрттæ фехъуыста, уыдонмæ гæсгæ. Фæлæ, дам, йæ дуæрттæ æхгæд вæййынц, зæгъгæ, куы дзырдтой, уæд ныр. гом цæмæн сты? Ракастис-иу йæ балмæ. Уыдон дæр, æнцад малы зилахар кæнгæйæ, кастысты дунейы ног диссæгтæм æмæ се ’нгасы зын- дис тас æмæ дызæрдыгдзинад. Уалынмæ уæлейы, авджын тыргъ&й фехъуьгст цавæрдæр рог цъыкк. Æвиппайды стыр æфсæйнаг дуæрттæ фезмæлыдысты æмæ дыууæрдыгæй кæрæдзимæ æрбацæйцыдысты. Цъыллинг фæтарст. Уый кæсаг уыд æмæ не ’мбæрста, фæстæмæ та тагьд каей байгом уыдзысты, уый. Цъыллинг тарстис, дуæрттæ æхгæ- дæй куы баззайой æмæ сын дарддæр цæуæн куы нæ уал уа, уымæй. — Тагъд мæ разæй ленк кæнут мидæмæ, ам куыд нæ базза- йæм, афтæ, — фæхъæр кодта йе ’мбæлттæм, стæй Аму-Дарьяйы уазджытæм адзырдта:—Тагъддæр раленк кæнут сымах дæр мах фæдыл, дуæртты мидæгæй куыд фæуæм, афтæ. Цъьгллинджы балы хъæбатырдæр чи уыДис, уыдон уыциу ленк баластой дуарыл. Фæлæ дзы бирæ уыдис тæппудтæ æмæ мидæмæ ленк кæнын иæ куымдтой. Уыдон дзырдтой: н— Цъыллинг, ацы фæндæгтæ дæхæдæг дæр хорз нæ зоныс æмæ нæ мидæмæ ма кæн, цъысымы нæ ныссадздзынæ. Дуæрттæ куыд хæстæгдæр кодтой кæрæдзимæ, афтæ дондзон кодта нарæгæй нарæгдæр æмæ дзы арф^ уæззау доны цыхцырæг тыхджындæр цавта. Куыд фæстæмæ афтæ тыхджын цавта æмæ ма кæсæгтæй баленк кæнынмæ чи хъавыд, уыдоны дæр фæстæ- мæ скъæфта. Цъыллинг йæхæдæг бабырыдаид цыфæиды зынтæй дæр, фæ- лæ тæппуддæр чи уыд æмæ чи нæ бакуымдта, уыдонæй бирæбаз-
42 МАМСЫРАТЫ ДÆБЕ. зад ’æттейы æмæ сын иунæгæй ныууадзæн нæ уыд; тæппуд тагъддæр фесæфы зын фæндæгтыл. Уалынмæ дыууæ дуары æнгом æрбахгæдтой æмæ сæ цъыргт дæр нал ракалд. Цъыллинг ныр йæхæдæг дæр фæтарст, мидæгæй чи аззад, уы- цы æмбæлдтæй мыгкагмæ куы фæхицæн уа, уымæй. Уæд фехæл- дзæн бал æмæ кæсæгтæй бирæтæ фесæфдзысты. Дуæртты рæбынты раленк-баленк кодта Цъыллинг æмæ ми- дæмæ баирвæзæн агуырдта. Фæлæ дуæртты нæ уыдис, судзины быны йас хуынкъ дæр æмæ дзы иу цъыртт дæр никæцæй калд. Дуæртты æттейы цы дон аззад, уый та йæ пæдлахъытæй ба- сабыр æмæ куыд æмбæрстой, афтæмæй тæнæгæй тæнæгдæр кодта. Ног тас бацыдис Цъыллинджы зæрдæйыл куы ахус уа дон æмæ зæххыл куы аззайой! Уæд балы æнæхъæн æрдæг сæрысæфт кæндзысты. Катай кæны, агуры баирвæзæнтæ, фæлæ никуы æмæ ницы. Æрмæст æм кæцæйдæр хъуысы æхсæрдзæны уæззау сæхсæх. Уæд бафиппайдта Цъыллинг дуæрттæ кæм фидаргонд уы- дысты къултæм, уыдонæй æттæдæр бетон къулты стыр хæдзары дуары хуызæн бæрзойд, цыппæрдигъой хуынчъытæ. Уыдон уы- дц(:ты мидæджырдæм, æмæ уым баленк кæнын фæнд скодта. Куыд мидæгдæр дзы цыдис, афтæ талынгдæр кодта æмæ тарс- тис, фæлæ уæддæр архайдта йе ’мбæлттæм баирвæзыныл. Арф баленк кодта æмæ æфсæйнаг дуæрттæ æхгæд разын- дысты. I «Хъуамæ адон уой бынты донуадзæн къæридортæ кæй хуыд- той, уыдон», — хъуыды кодта Цъыллинг. . Цалынмæ уыцы хъуыдытæ кодта, уæдмæ къæридоры дуар ба- зыхъыр æмæ дзы ахæм тыхджын дон ныццавта æмæ Цъыллинджы иу дзæвгар йемæ рахаста. Дуар куыд тынгдæр гом кодта, афтæ тыхджындæр цавта дон дæр. Фæлæ хъаруджын базырты хицау уыдис Цъыллинг æмæ тыхтæй баленк кодта стыр малмæ. Малы æнцад лæууыди, ныронг кæй нæма федта, ахæм даргъ, рæсугъд, авджын урс нау. Афтæ рæсугьд уыдис нау æмæ Цъыллинг йæ кæсæгты дæр айрох кодта, фæлæ йæ бафæндыдис наумæ алырдыгæй дæр ба- кæсын. Иæ цинæн ма кæрон кæм уыдис! Цингæнгæ йыл сæхи æрбаскъæрдтой æмбæлттæ дæр æмæ йæ алыварс зылдысты. — Ам зилут, тæрсгæ ма кæнут, æз иннæ æмбæлтты дæр æмæ аму-дарьяйаг уазджыты дæр æрбакæндзынæн, — загъта Цъыл- линг ныфсджьшæй æмæ йæхи ауагъта донуадзæн къæридорты ’рдæм. Ныр йæ зæрдæ хъæлдзæг уыдис æмæ йæ арæхстдзинадæй дæр фæбузныг. Къæрндоры йæ тыхджын доны цыхцыр йæ разæй ахаста, аф- тæмæй рахызтис æмбæлттæм.
КÆСÆГТЫ БАЛЦ 43 — Уæртæ уыцы доны цыхцыры мидæмæ цæугæут, — загъта Цъыллинг. — Тæрсгæ ма кæнут, кæсаджы чи бауырома, ахæм тых ам нæй. — йæхæдæг аленк кодта аму-дарьяйаг уазджытæм æмæ сын саэ разленкгæнæгæн загъта: — Акæн дæ балы махоны фæдыл. Тагъд фæхæццæ уыдзыс- тæм —Æппæты фæстæ Цъыллинг йæхæдæг баззад. Фæлæ уый налынмæ малмæ хæццæ кодта, уæдмæ та стыр дуæрттæ бай- гом сты æмæ дзы рæсугьд даргь урс нау ацыд. IV. Афтæ шлюзæйæ шлюзæмæ ленк кодтой. Ныр фæцахуыр сты шлюзæтæм куыд баирвæзæн ис æмæ дзы дарддæр куыд аленк кæнæн ис, ууыл æмæ дзы тæрсгæ нал кодтой, дзæбæх дæр ма сæм кастис. Æмæ цъыллинджытæ кæнгæ дардæй-дарддæр ленк кодтой. Æрмæст кæдæм æмæ цы бæстæм ленк кæнынц, уый нæ зыдтой. Уый ницы тæссаг у. Дон бирæ уæд, кæсагæн цæрынæн бæзгæ уæд, æндæр алы ран дæр ’хорз у. Æмæ та мæнæ иу бæллæхы бахаудтой. Ацы хатт ма сæ исчи фервæздзæн, уый Цъыллинджы дæр тынг нæ уырныдта. Уыцы бæллæхы хæд размæ сыл иу бал сæмбæлдис. — Уæ фæндæгтæ раст, хорз кæсæгтæ, — салам сын радта Цъыллинг. —Ар’фæгонд ут, хорз кæсæгтæ, — дзуапп радтой уыцы бал, — Уæ фæндаг кæцырдæм дарут, бафæрсын аипп ма уæд? — Мæнæ Волгæмæ баленк кæнæм. Хорз уалдзыгон рæстæг скодта æмæ Каспийы дæр азылдтытæ кæндзыстæм. — Бахатыр кæнут, фæлæ уæхæдæг та цы дойнаг стут? — Мах ардыгон стæм. Ныртæккæ кæм стæм, уый у номдзыд Дон. — Бынтондæр ныдздзæгъæлтæ стæм. Сæфдзыстæм. Рагон зондджын кæсæгты ныхæстæм гæсгæ, кæд дзы сæхæдæг дæр нæ> уыдысты, уæддæр кæм æмæ кæм уыдис Дон!.. Æмæ, дам, ныр уый мидæг ленк кæнæм? Сæфæм, æндæр ницы, фæхъæр кодта аму-дарьяйаг кæсæгтæй иу. — Тæрсгæ ма кæнут, мах кæм нæ оæфæм, уым сымах дæр нæ фесæфдзыстут. Дарддæр уæ фæндаг дарут æмæ бирæ диссæгтæ фендзыстут. Тагъд ныххæццæ , уыдзыстут Цимлянскы ауæзтмæ æмæ йыл ахиздзыстут. Уалынмæ ахæццæ уыдзыстут Азовы ден- джызмæ æмæ уын уырдыгæй фæндæгтæ гом сты суанг стыр ден- джызтæм’ дæр æмæ океантæм дæр. Хæрзбон-фæндараст акодтой кæсæгты ^балтæ сæ фæндæг- тыл дарддæр аленк кæнгæ. Ленк кæны Цъыллинг йæ балы разæй æмæ бахæццæ сты Цимлянскы ауæзтмæ. Кæцæй æмæ кæдæм у! Фæлæ йæ сæрты ахизæн куыд ис? Ленк кæны æмæ агуры. Иу хатт йæхи фæцарæзта электростанцæйы турбинтæм дон кæуылты
44 МАМСЫРАТЫ ДÆ,БЕ. кæлы, уыцырдæм. Фæлæ турбинты тыхджын гуыргуыр йæ хъустыл куы ауадие, уæд йæ зæрдыл æрбалæууыд сæ раздæры раздзог, зæхцъирæн кæй амардта, уый, æмæ фæстæмæ фæзылд* Ленк^кæны дарддæр æмæ иу, цементæй арæзт — нарæг дон- гомыл фæраст. Дзæвгар дзы баленк кодта æмæ доны бынæй хыз йæ размæ сыстад. Фæтарст Цъыллинг æмæ фæстæмæ фæзылд. Фæлæ фæстæрдыгæй дæр æрбайхъуыстис аму-дарьяйаг балы цъæхахст: — Æрлæуут!- Нæ фæстæ донæй хыз сзындис! «Фесæфтыстæм ацы хатт, æнхъæлдæн», — йæхинымæры ахъуыды кодта Цъыллинг, фæлæ зæгъгæ цицы кодта. Йæ ба- зырты тых цас уыдис, уый бæрц тагъд ленк кæнгæйæ, зылдис, цы къæппæджы бахаудтой, уый къулты рæбынты æмæ раирвæ- зæн хуынкъ никуыуал уыдис. Ноджы сыл дыккаг бæллæх сæмбæлыдис: — дон ныллæгæй ныллæгдæр цæуын байдыдта. Йæ тарст цъæхахст ма тыххæй бауырæдта Цъыллинг, фæлæ та нырдæр йæхи бауромын бафæрæзта. Иннæ кæсæгтæ фыр ка- тайæ рацъыллинг-бацъыллинг кодтой, схуыстой кæрæдзи æмæ раирвæзæн бынæттæ агуырдтой. Уалынмæ сæм æрбацыдид стыр, нард кæсæгты бал. Йæ разленкгæнæгæн йæ базырты бынæй йæ нæрдтæ бур-буридæй зындысты; йæ фезмæлдæй, йæ уæззау æмæ тыхджын ленкæй, йæ хуызæй бæрæг уыдис тыхджын, хиуыл æр- вæссон æмæ хæларзæрдæ кæф кæй у, уый. Уыцы бал хызыл сæ мукъутæ хостой æмæ мйдæмæ цæмæй æрбаирвæзой, ууыл архайдтой. — Мидæмæ ма тырнут. Мах фесæфтыстæм, фæлæ сымах уæ- хи мауал сафут, — зæгъгæ сæм радзырдта Цъыллинг. — Гъи! Кæсут ма уымæ, — загъта кæф, — кæй фæтæрсын кæна лифтæй, ахæм æнæфенд кæсæгтæ ссарын æнхъæл ма у æмæ нæ тæрсын кæны! —ч Тæрсын уæ нæ кæнын, фæлæ мах цы уавæры стæм, уый уынут? — Уынæм, мæ хæлæрттæ, уынæм æмæ æппынæдзух дæр уыцы бынаты куы уаиккат, уый уæ фæнды? — Искæйы дæр ма мæлæты бынаты уæвын фæнды? — Æз, мæ хур, Кæфи дæн! Цы дæтты æмæ цы денджызты нæ алецк кодтон, ны нæ федтон, ахæм нæй æмæ мæц нæ асай- дзыстут. ’ — Цæмæн дæ сайæм, хорз Кæфи? — Мæ бал куыд фæтæрса æмæ куыд алидза лифты разæй, сымах та уæхæдæг лифтыл уæлæмæ-уæлæмæ куыд тезгъо кæнат, афтæ уæ фæнды. Фæлæ дзы| уый нæ рауайдзæн. Мæнæ куйддæр хыз дæл^мæ æруадзой, афтæ уæхæдæг куы нæ суæгъд кæнат лифт, уæд уæ нæхæдæг феттæ кæндзыстæм. Сымах, æвæццæгæн,, нæма зонут мах къæдзилы риуыгъд.
КÆСÆГТЫ БАЛЦ 45 — Хыз ма дæлæмæ куы ’рцæуид æмæ мах куы федте уаиг» кам æмæ.дый æз дæ рынтæ куы бахæрин. — Фæлæу, фæлæу, фæлæу. Цыма сайгæ нæ кæныс, æцæг дзу- рыс, афтæ мæм кæсын байдыдта. — Сайыны бынаты стæм ныртæккæ? — Зæгъут ма уæ хорзæхæй кæцы дойнаг кæсæгтæ стут? Афтæ æнæфендæй ма кæм баззадыстут? — Мах каспийаг кæсæгтæ стæм, — загъта Цъыллинг. — Мах та ноджы дарддæрæй рафтыдыстæм, суанг Аралы денджызæй æмæ Аму-Дарьяйæ. — А-а-а! Уæдæ уæд бахатыр. кæнут, кæд уæм æгæр карз ны- хæстæ скодтон, уæддæр. Сымах провинциалон денджызтæй стут, рацæуæнтæ уын никуыдæм уыдис, худæн уыл нæй! — Цы бакæнæм? Нæ фадæттæ афтæ уыдысты. — Ницы кæны, ницы, — загъта Кæфи,— ныр уын адæм ахæм фæндæгтæ сарæзтой æмæ уæ фадат у æппæт океантæм ленк кæ- нын дæр. — Ардыгæй ма куы аирвæзигкам! — Ныртæккæ раирвæздзыстут. Фæлæ тæрсгæ кæй кæнут, уый ма ’вдисут, иннæ кæсæгтæ уыл худдзысты. Ардæм кæсæгтæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн лифты тезгъо кæнынмæ цæуынц, бынат фаг куы нæ вæййы, уæд кæрæдзийы дæр асхуыстытæ кæнынц, сымах та дзы тæрсгæ кæнут. Уæдмæ раззаг хыз чысылгай доны ныгъуылын ^айдыдта. Куыддæр фæныгъуылд, афтæ кæсæгтæ сæхи раскъæрдтой уыцы æмвæтæнæгæй, кæрæдзийы схойгæйæ. Иу цалдæр дзы Кæфийы дæр асхуыстытæ кодтой. — Сабырдæр, сабырдæр, кæрæдзийы ма схойут,—дзырдта сын Кæфи худгæйæ. Кæфи йæхæдæг лифтмæ куы бафтыд, уæд дзы зæрдæйы æхсызгонæн йæхи ауагъта уæззау ленкæй, куы бынмæ, куы хæрдмæ, йæ дзыхы дон бацъырттытæ кодта’ æмæ йæ хъусты рæбынтæй уæлдæфы фæрдгуытæ суагъта. Стæй баленк кодта Цъыллингмæ æмæ йæ бафарста: — Дарддæр та уæ фæндаг кæцырдæм дарынмæ хъавут, к^с- пийæгтæ æмæ аралæгтæ? ^ — Ленк кæндзыстæм размæ. Провинциалонтæ нæ куы хоныс. Истытæ фенæм. — Хъæуы, хъæуы. Кæд уæ æвдаглы, уæд нæм банхъæлмæ кæсут... Мах иу-дыууæ хатты сисдзыстæм нæхи лифтыл, стæй дарддæр ленк кæндзыстæм. Æцæг дыууæ систы фæстæ Кæфийы бал рахызтис лифтæй. — Цæуæм уæдæ, азылдтытæ дæнæм. Стæй уæд мах дæр уемæ фæбæлццон уыдзыстæм Каспимæ æмæ Аралмæ, махæн сæм ленккæныны фадат кæм фæцис, уым сæ фенын хъæуы. Мæ бал балц кæнын бирæ уарзы. Мæ фæстæ ленк кæнут! Æмæ æртæ балы адаргъ сты Кæфийы фæстæ.
46 КÆСÆГТЫ БАЛЦ — Мæнæ уый Азовы денджыз у. Чысыл змæстгомау вæййы æмæ дзы æгæр бирæ цæры кæсæгтæ, фæлæ хъæздыг у цæрынæн. Уæлдайдæр ныр фæндæгтæ байгом Каспимæ, Аралмæ, Урс ден- джызмæ æмæ уырдæмыты балц гæнæн ис,—дзырдта Кæфи Цъыллингæн. — Мæнæ уый та Сау денджыз у. Стыр æмæ хорз денджыз }ч — Ныр кæм баленк кодтам Константицополы рæзты, уый та Зæххастæуы* денджыз у. Уый фæстæ та ахиздзыстæм океанмæ, цæй бæрц дон дзы ис, уый уæхæдæг фендзыстут,—загъта фæс- тагмæ Кæфи æмæ æцæгдæр цалдæр сахаты фæстæ океанмæ ба- хызтысты. Йæ тæккæ тыхджын фæйлаугæйæ йæм бахæццæ сты æмæ стыр тæссаг гуыргуыр æмæ сæрсæр кодта. Цъыллинджы балы-иу хохы йас улæнтæ хæрдмæ фæхастой*. Тæрсын дæр байдыдта Цъыллинг, йæ бал дæр бафæллад. Ара- лæгтæ та ма ленк кæнын тыххæй фæрæзтой. — Æгъгъæд балц у, аздæхæм фæстæмæ, — бакой кодта Цъыллинг. — Гъей, æгуыдзæгтæ! Тæрсгæ кæнут? — фæхъæр кодта Кæ- фи æмæ улæнты йæхи ауагъта. — Тæрсгæ та цæмæй, фæлæ... — Хорз, хорз. Здæхæм, здæхæм... Ай уæлдайдæр нæхи бæстæ нæу, æцæгæлон бæстæм рафардæг стæм, — загъта Кæфи.— Фæ- лæ уæд т# Англисы æттеты азиликкам æмæ Урс денджьвы ’рдыгæй æрфардæг уаигкам, — загъта Кæфи æмæ йын куы ничи ницы дзуапп радта, уæд кæронмæ зæгъы: — Уæвгæ нæ хъæуы... æвæлтæрд стут ахæм фæндагыл æмæ уын зын уыдзæнис. Нæ фæд-фæд фæстæмæ ленк кæнæм. Мæ фæдыл ленк кæнут... — æмæ йе стыр’ базыртæ тыхджындæр скуыстой. Фæхъæлдзæгдæр сты балты кæсæгтæ æмæ сæхи рауагътой Кæфи æмæ Цъыллинджы фæдыл. Волгæ-Дон—Дзæуджыхъæу, 1951 аз.
т. хаким НЫФСХАСТ Саиаты Ьлхъаны номыл. Дайраны нарæджы фæндагæй Фæзил чысыл, зæхкусæг уым Фæкæны уалдзыгон йæ хуым; Дæргъвæтин обаугæрон рагæй Сæрæстыр цырт лæууы бæрзонд. йæ фарсмæ æрдз æрттивы абон... Хуыссынц уым—дзыллæйы сæраппонд йæхи сæр чи ’рхаста нывонд... Чысыл куы фæлæууай цæуынæй, Æмæ куы ’ркъул кæнай дæ сæр, Зынгхуыст бæгъатыртæн кæуынæй Сæ намыс ма бафхæр уæддæр. Уыдысты карз хæсты хæрз уæндаг, Уыд бартыл се’стыр тох, сæ мæт, Уыди сæрибармæ сæ фæндаг,— Мæлæтæй басастой мæлæт... Мæ хур, уæд хъарм туджы мæцгæйæ, Уæззау уынгæг хæстыты, бон Домбайау, знæгтимæ хæцгæйæ, Йæ бартæ хъахъæдта ирон. Кæрон æхсарæй гуыры хæстæн, Æмæ нывондтæ домы хæст,— Уым бирæ бабын ис; æрмæст Сæ ном æнæмæлæт цæргæстæн Мыккагмæ дзыллæты цæрдзæн, Æрттивдзæн стъалыйау, сæ фæстæ, Æнусмæ кадимæ нæрдзæн. Уыдис ныфсхаст лæгтæ уым бирæ, Сæ кой у дзыллæйыл хæлиу. Æз ныр йæ хорз хъæбултæй Ирæн Æрмæст æрæмысдзынæн иу: Йæ фаг æгъдау мæ бон нæу раттын,—
Кæнын мæ зарæгæй йæ цыт,— Раст афтæ ’нæбæрæг салдатæн Вæййы хуымæтæджы йæ цырт. Январы мит хæсты тæмæнты Мах сæвдылдтам æзнаджы тугæй. Нæ хæхтæ бафснайдтой рæсугъдæй Нæ хъæбатыр æфсады хæйтты. Æрцахстой горæт урс бандиттæ, Цæссыгтæй сахуырстис йæ бон. Бæхджын лæгмарты ’гъатыр митæн Æппын куы нал уыдис кæрон. Советты хъахъæнæг хъысмæтæй Цы ма уа ’рхæндæгдæр, фыддæр, Кæд райхъуысы нæ рынчындæттæй Æнæбон уацайрæгты хъæр?! Кæрæдзийыл лæзæрынц калдæй Цæфтæ... Цæгъды сæ тиф, цинга. Нынниуы тымыгъ карздæр уадæй, Рæдувы рудзгуытæ, кæс-ма! Æмризæджы нырризынц къултæ. Кæны нæмыджы схъис æхситт. Кæны фыр мæстæй зæрдæ суртæ, Мæлæтмæ уадæн у йæ сидт. Æртæ боны рынчын уацартæн Нæ уыди бар хæринаг раттæн. Æрхъазыдысты-иу сæ бæхтыл Уым кæрты хъазахъы бирæгътæ. «Сырдтæ, цæмæн уæ хъæуы хæрд? — Уæлбæхтæй хъазахъ кодтой хъæр, — Ныккæндзыстæм уæ ныр бындзагъд. Хатыр уын нæй, мæлдзыстут тагъд!» Хъæрахæстæй, ниуынт’æй, дзынæзтæй Уæд зæрдæ аньггъуылд мæты. Æнæбон маст æмæ сагъæгтæй Зæронд дохтыры ’хсар сæтты: «Цы чындæуа? Цæмæйты, куыд, Æзнаджы дзæмбытæй ирвæзой?» Æрхъуыды окодта. ’Хсæв æй хъуыд, Цæмæй йæ фæндтæ ’ххæст æрцæуо^... Æрæхсæв ис, æмæ мæйдары Зыдмондагæй уыдис йæ каст, ФЗеивгъуыдта æлгъаг лæгмарты, Иваргонд.рæтты тагъд фæраст. Сæумæйæ, урс æфсады штабы,
ШЙФСХАСТ. 4Э Кæм уыд пъагонджынтæ, æваст Уым кодта ’хсарджынæй нæ бартыл Уый урс инæларæн нйхас: «Бар чи радта, цымæ, цæмæй Ам рынчынтæ мæлой сыдæй? Ныр махæн чи байста нæ бартæ? Куыд хъуамæ скъуиой цæфтæ барæй?. Уый ахæм дурзæрдæ кæмæн уыд Æмæ сын чи скодта тæрхон? Сæ сæрмæ ныр кæй кард æстæлфыд Цæмæй сыл батар уа сæ бон?» Инæлар уæд æдзынæг бакаст Ныфсхаст хъæбатыры цæсгоммæ. Фæзылдта цæстытæ конвоймæ, Конвой дæр тыргъмæ уайтагъд рараст. «Ныхъус у, дохтыр, ма кæн хъæр! Цы сфæнд мæм кодтай ныр быцæу? Куыд рауæлдай дæ зæронд сæр? Æви дын, ау, æвгъауаг нæу? Ды хъазынмæ æрцыдтæ ардæм, Æрмæст мæ бафæндæд, æндæр Уый зон, дæ тæфгæнаг баракмæ Дзæбæхæй н’ ахæссис дæ сæр!» ’ Фæлæ йын уæд йæ уæгъды ’взыстæй Хъæбатыр лæг, мийаг, нге барызт. Фыртæссæй нæ, фæлæ фырмæстæй Инæлармæ йæ ныхас байхъуыст: «Æз уе’ртхъирæнтæ хорз æмбарын, Тæссаг дæр у мæ уæззау рис. Куыд нæ уын уа æнцон мæ марын, Кæд уæм лæгмартæ уый фаг ис. ^ Дæ карз æртхъирæнтæй цы тæрсон! Ныр .хъуамæ рынчынтæм ныккæсон, Изæрмæ сын цæмæй дæттон Сæ фаг хæринаг æмæ дон. / Тæссаг у хæст, нæу цины бон, Салдат дæн, у мæ’цард цыбыр, Фæлæ уæ митæн нæй кæрон, Æппæт бæстæ уæ ’лгъиты ныр!» МæстгСг æртхъирæнты фæхъæртæй Ныззæлыд карз уайдзæф æваст. Тыдта инæларæн йæ зæрдæ, Фæлурсæй дохтырмæ ныккаст. Зыдта, йæ дивизи куыд нуазы Мæгуыр фæллойгæнджыты туг.
50 М. ХАКИМ. Уый хъуыста богъбогьтæ, дзыназын Мæйгай, къуыригæйтты æдзух. Зыдта уый — адæмы быхсынæн Кæмдæрид, алкæд ис кæрон. Йæ къух ныр туджы сæвдулынмæ Йæ ныфс нæ бахаста, уый зон. Фæхъус и, ракуырдта йæ папкæ, Æмæ ныффыста бардзырд тагъд. Дæргъмæ уæд мйтæмбæрзт булварыл Уæззау рынчынтæм дохтыр тахт. Æмæ кæдæй-уæдæй фыццаг хатт Æрбакаст рынчындонмæ рухс. Хæринаг мæрдтыты уæлхъус Ныхъуырдтой удыгæстæ тагъд-тагъд. *#* Цьгд рæстæг... бандидзыдтой цæфтæ... Зæронд дуг арæцыгътам дард, Æстыр домбай дзæбуджы цæфтæй Нæ дзыллæ рацарæзта цард. Æрбайрох ивгъуыд маст фæллойы, Фæтæг ныл даргъ базыртæ ’фтыдта, Уæд сталинон тыгъдады ’мбойны Ирыстон дидинæг æфтыдта. Куы та ’рбадтысты ногæй мигътæ, Нæ фæцудыдтой адæм уæд7 Домбай къухтимæ уый фашисттыл Цыппор фыццæгæм аз æмбæлд. Нæ нын байста хæсты цæхæры Нæ фидæрттæ бырсæг æзнаг. Æмæ та Дзæуджыхъæуы сæрмæ Сырх тырыса фæйльтдта дард. Æдзух бырстам ^æйгуытау размæ, Нæ сæрмæ, мигъау, бадт фæздæг. Нæ мард æмбæлттæ дæр нæ фарсмæ Уыдысты бархийыл хæцæг. Нæдæр сармадзантæ, нæдæр Фыдуацхæссæг нæмгуыты кдлдæй Сæ сæртæ нё ’ркъул кодтой адæм, Сæ зæрдæ тохмæ уыд цæхæр.; Нæ зæронд дохтыр та ныфсхастæй Æдзухдæр рынчынтæм цыди. Кæд хæдзæрттæ сыгъднсты арты Уæддæр цæф хæстоЦтæм зылди. Домбай Советон æфсад знæгтæн Сæ бæрзæй,\ с ’астæу магъз ныссаста.
НЫФСХАСТ. 51 Цæгъдгæ сæ уый нæ уæрæх фæзтæй Хæрам Ныгуылæнмæ фæтардта. Нæ заводтæ та скуыстой ногæй, Фылдæр æсгуыхттæ сын æнтыст. Зæронд дохтыр та уæд уæнгрогæй Фыццагау райдыдтайæ куыст. Нæ зыдта ам дæр уый фæллайын, Нæ уыдта ’рулæфт, гъе хуыссæг. Фæкæс, æмæ та куыстмæ уайы, Хъуыддагмæ-иу æркаст лыстæг. Уый’амард уæд, — нæ рæсугъд фæзтæ Хъæдабæ дидинæг куы ’фтыдтой, Украинæйы лæгъз быдыр’гы Æзнаджы фидæрттæ сæттгæйæ, Нæхи домбай æфсад фæндæгтæ Ныгуылæнмæ цæрдæг куы гæрста, Æмæ æзнаджы цыргъ дæндæгтæ Быныл æд уидæгтæ куы ’лвæста. Цыдысты бонтæ тагъд. Уырыссаг Хæстон лæг уæд йæ гæрзтæ ’рбаста, Æмæ йæ бæстæйы тырыса Цыренкалгæ Берлинмæ ’рхаста. Елхъан, дæ ингæныл дæуæн, Æрæмысынæн, стæй мæтæн Хъæбулы уарзтæй сабыр, цадæг Цæгъды, цæгъды мæ фæндыр кадæг. Уырыссагæй Плиты Хадойы тæлмац
ДЗАРАСУТИ Г. ДÆУÆН ЗАРУН! Цитгин компарти, дæуæн зарун, Ду дæ нæ цийнæ ма нæ хор, Ду дæ коммуни сурх æстъалу Æма рохс цардæн æ бундор. Дæу фæрци мах нæ ан цагъари. Паддзах, ’лдæртти фæссурдтай. Махæн цирагъ хастай и тари Æма нæ рохсмæ æрхудтай. Ццтгин компарти, дæу фæндонæй Райдæдта зæнхæ уолæфун, Кæци мин æнзти æнæ донæй Сугъдæй и хормæ—Каракум. Цитгин компарти, дæуæн зарун, Махæн нæ цийнæ—дæ фæндон. Дæуæн дæ бон æй æрорамун Думгæн æ гьазти, Волги дон, Цæмæй будурти æртайонцæ, Нæ дæнттæ зменстæнсæ сухд рёу, Æма нæ хумтæ æрзайонцæ, Цæмæй нæ бæсти уа фæрзеу. Салам дæттуй дæуæн и дзиллæ, Дæу фæрци мах цæрæн фæндон Ду дæ нæ фарнæ, нæ хъибиллæ Федар нæ зæрди æй дæ ном. Цитгин ко^парти, дæуæн зарун, Федар дæ фарсмæ мах цæуæн. Нæ хор, нæ фидæ, о не Сталин, Салам, нæ компарти, дæуæн!
БЕРОЗТЫ АСЛÆНБЕГ РАСТ ФÆНДАГЫЛ Радзырд сывæллæттæп |^ентябры фыццæгæм бон. Райсомæй авд сахаты æмæ æрдæг. ^’Скъолайы дзæнгæрæг ныззæланг кодта æмæ скъоладзаутæ скъолайы кæрты къласгай ралæууыды,сты. Зинаидæ Капитоновнæ чысыл асины сæрмæ схызти. Скъо- ладзаутæ æмхуызонæй ныссабыр сты. — Нæ ’зынаргъ сабитæ, — райдыдта дзурын директор, —, æгас нæм цæут уе’пдæт дæр! Арфæ уын кæнын ног ахуыры азы райдайæн бон æмæ мæ фæнды, цæмæй ахуыры азы кæрон не ’хсæн ма уа дыккаг аз иу къласы чи баззад, ахæмтæ, цæмæй уе- ’ппæт дæр хорз æмæ тынг хорз бæрæггæнæнтимæ бахизат уæл- дæр кълæстæм. Дæсæм къласы ахуыргæнин^гтæ та хъуамæ каст фæуой астæуккаг скъола æмæ бацæуой хистæр скъолатæм. Афтæ у нæ ахуыры азы хæс æмæ йæ хъуамæ мах баххæ;) кæнæм. Уыцы ныхæсты фæстæ дзæнгæрæг ныццагъта дыккаг хатт æмæ, фехъусын кодта æппæт скъоладзаутæн, ахуыргæнджы- тæн, зæгъгæ, райдыдта ног ахуыры азы фыццаг урок. Скъолайы ахуырады хайады сæргълæууæг фехъусын кодта, зæгъгæ, дуæрт- тыл мидæмæ цаеудзысты галиуæрдыгæй æмæ райдзастæй цыдыс. ты мидæмæ. Скъолайы директор Зинаидæ Капитоновнæ лæууы- дис асинтыл æмæ рæвдаугæ цæстæнгасæй кастис, йæ царды йас кæй уарзы, цард ын йæ бæрны кæй бакодта, уыцы, амондджын фæлтæрмæ. Кастис алкæмæ дæр æдзынæг æмæ сæ хи хъæбултау рæвдыдта йæ цæстæнгасæй. — Мидæмæ, мидæмæ — дзырдта йæ цæстæнгас æмæ йын рог дымгæ йæ урс сæры хъуынты сабыр фæйлыдта. *** Райдыдта урок. Скъоладзаутæ æрсабыр сты. Æвдæм къласы дуары цур æд чингуытæй лæууыдысты Солтан æмæ Зинаида-: Капитоновнæ.
54 БЕРОЗТЫ АСЛÆНБЕГ — Амондджынæй дзы бакус, — загъта директор æмæ даргъ къæридоры иннæ кæронмæ арасти. Солтанæн йæ зæрдæ куыддæр æнахуыр змæлд скодта йæ риуы, цыма истæмæй фæтарст, уыйау. Дзургæ нал скодта, йæ бон нал баци, фæлæ йæ сæрæй акуыв. та: бузныг, зæгъгæ. Дуары хæцæнмæ бавнæлдта, байгом æй кæ- нон куыд загъта, афтæ йæхи фæуырæдта, йæ риутæм, йæ æгъ- нæджытæм, суанг ма йаё| туфлиты бæдтæнтыл дæр ахаста цæст. Зæрдæхсаинагæй куы ницы федта йæ дарæсæй, уæд байгом кодта къласы дуар. Мидæмæ бахызт. Дуар рахгæдта æмæ пар- тæты разæй ахуыргæнæгæн цы стъол æвæрд ис, уый размæ æр- лæууыд. йæ цæст ахаста скъоладзаутыл. Иу скъоладзауæй фæстæмæ иннæтæ æмхуызонæй сыстадысты æмæ æнхъæлмæ кастысты ахуыргæнæджы арфæмæ. Ахуыргæнæг йæ цæстæнгас авæрдта æппæт скъоладзаутыл дæр, фæлæ ма æнхъæлмæ касти чи нæма сыстади, уый сыстынмæ. Йæ цæсты- тæм ын æдзынæг ныккаст Солтан, фæлæ уый æппæты фæстаг ^тартæйыл йæхи дзæгвæз ауагъта æмæ сæрыстырæй йæ мидбыл- ты худти ахуыргæнæгмæ. Скъоладзаутæ æгæр кæй лæууынц, уый бамбæрста Солтан. — Æгас цæут! — загъта æмæ йын дзуапи раттой:* — Æгас цæут!.. стæй сæ сбадын кодта. Аивæй азылди фыссæн фæйнæгмæ. Фæйнæг уыди сыгъд^ег. йæ разы мел æмæ уымæл хæпъил. Пъолтæ сыгъдæг. Скъоладзаутæн сæ сæры да- рæс къласы фæстаг кæрон рагъæныл æфснайд æвæрд. Зæрдæ цæуыл фæ&уда, ахæмæй къласы ницы -ис. Æрмæст... æрмæст ацы скъоладзау. йæ чуб сæгъы къæдзилау ныхыл цæхкæрмæ æр- зæбул кодта æмæ дзы рахис цæст æрæмбæрзта. Йæ бынатæй кæй нæ сыстад, уый тыххæй йæхæдæг ахъуыды кодта Сол- тан: «Кæд мийаг исты сахъат у, йæ бон нæу сыстын», ф’æлæ лæппуйæн йæ цæстæнгас æндæр æгъдау æвдыста. Ахуыргæнæг уæддæр загъта: — Абон дежурни чи у, уый-ма сыстæд! Раззаг партæйыл цы ^дыууæ æмхуызон сау чызджы бадыг уыдонæй иу сыстад æмæ, аххосджын хуыз æвдисгæйæ, загъта: — æз!.., — Зæгъ ма мын: уæ къласы рынчын, ома йæ бон сыстын кæмæн нæу, ахæм ис? Чызг Солтаны фарст.цæй фæдыл у, уый нæ бамбæрста. Раздæр тæрсæгау фæкодта, стæй къласыл йæ цæст ахаста æмæ загьта: — Ахæм нæм нæй. — Уæдæ хорз, — загъта Солтан æмæ йæ сбадын кодта.—Зæгъ ма мын ды, — æмæ йæ къухæй бацамыдта чи нæ сыстади, уыцы лæппумæ, — дæ ном цы хуыйны, стæй æз куы ’рбацыд- тæн, уæд ды цæуылнæ сыстадтæ? ^ — Мæ ном дæу æппындæр ницæмæн хъæуы, — загъуа лæп- пу æмæ йæ сæр йæ æмбалы уæхскыл хуыссæгау бакъул кодта.
РАСЦ ФÆНДАГЫЛ. 55 Къласы сусæг сусу-бусу ацыди: «Руслан, Руслан»—чидæртæдзы худгæ дæр скодтой скъоладзаутæй. Бæрæг уыдис йæ ном «Рус- лан» кæй у, уый. Солтанæн йæ зæрдæ фыр мæстæй атыппыр, фæлæ уæддæр йæ хъыгдзинад нæ равдыста. — Руслан, уæлæмæ-ма сыст!.. загъта оабыр, фæлæ барджын хъæлæсы уагæй Солтан. — Мæнæн мæ бон нæу... — мæстæймарæгау йæ ныхас даргъ ауагъта Руслан. Къласы алы къуымтæй сусæг худыны пыр-пыр ссыди. Иуæй- иутæ хъæрæй схудтысты. Руслан йæхæдæг дæр ныххудт æмæ йæхицæй ныббуци, æнæхъæн къласы кæй худын кæны, уый тых- хæй. — Руслан! Æз иу ныхас дыууæ хаггы кæнын нæ уарзын, — загъта Солтан æмæ цалдæр къахдзæфы бакодта Русланы ’рдæм. Ахуыргæнæджы цæсгомыл бæрæг уыдис цы зæгъа, уый æрдæ- гыл кæй нæ уадзы, уый.. Къласы скъоладзаутæн сæ -улæфт дæр нал цыди, афтæ ныссабыр сты Солтаны цæсгоммæ кæсгæйæ. Æрмæст ма Русланы фарсмæ цы лæппу бадти, уый Русланы фарс басхой-басхой кодта: «уæлæмæ сыст, уæддæр( дæ нæ ныу- уадздзæн», зæгъгæ. Русланы цæсгомыл бæрæг уыдис дызæрдыгдзинад: «сыстой. æви нæ», фæлæ дзы ахуыргæнæджы цæсгомы фидардзинад ца. вæрдæр тас уагъта æмæ сабыргай йæхиуыл схæцыд. Æрдæг ста- дæй цалдæр дыдагъы ныцци æмæ загъта: — «гъа!».. —Уый та цавæр ныхасу, «гъа»!? Исты мын базары æсхынæн- тæ уæй кæныс! Стæй уый цавæр лæуд у? Куыд æмбæлы, афтæ ма слæу! — Домын райдыдта Солтан. — Æз æндæр лæуд кæнын нæ зонын, — сабыргомау загъта Руслан, æмæ йæ чубыл йæ къух æрсæрфта, стæй иуфарсырдæм азылд, лæппутæй кæимæдæрты фемдзæст æмæ сæм йæ цæст æр- ныкъуылдта. ^къоладзаутæ фефсæрмы сты ахуыргæнæгæй æмæ сæ сæртæ фæныллæг кодтой. Руслан та ахуыргæнæджы цæсты- тæм ныккасти æмæ загъта хиппæлой, ардауæн хуызы: — Исты ма сын зæгъ, исты! Нæ сæ уыныс куыд мæм дза- гъултæ кæнынц, уый?! Кæннод дзы ’æз искæмæн йæ хæмхудтæ фехалдзынæн! — Æгæр хорз дæр ма йæ уынын кæмæ цы æгъдау ис, уый. Сбад! Мæ урокæй мын фондз минуты атыдтай, — загъта Солтаа æмæ Руслан хъуырхъуыргæнгæ сбадт йæ бынаты... * ^* Ног ахуыры азæй рацыди мæй. Директоры кабинеты бадтыс- ты иу къорд ахуыргæнæд^кы. Зинаидæ Капитоновнæ гæххæтгыл цыдæртæ афыста. Ручкæ æрæвæрдта чернилæдоныл. Ахуыргæн- дл<ытæм æрбакаст æмæ загъта: — Зонын æй зын кæй у йемæ
56 БЕРОЗТЫ АСЛÆНБЕГ кусын уый. Иу ахуыргæнæг дæр ахæм нæ кусы æвдæм къласы æмæ Руслан кæй нæ бадомдта. Скъолайæ аппарæн дæр ис.-Уый махæн нæ бон у. Фæлæ мæнмæ æгад кæсы коллективы бон нæ бацис иу къулыбадæджы раст фæндагыл саразын æмæ йæ ап- пæрстам, зæгъгæ, уый. Раст загъта Солтан,зæгъгæ, уымæ фыдуаг- дзинадæй дарддæр ницы ма ис. Нæ йæм ис зонындзинад, хъа- ру, тых. Махмæ та ис алцы дæр. Мах зонæм Ленин — Сталины ахуырад советон фæсивæды хъомылгæныны хъуыддаджы, мах зонæм советон педагогикæйы методтæ хъомыладон хъуыддаджьь Ау, уæд махæн нæ бон нæ бауыдзæн Русланы йæ хæлд фæнда- гæй раст фæндагмæ ракæнын! Мæнмæ гæсгæ бауыдзæн æмæ йæ, Солтаны загъдау, кæнгæ дæр бакæндзыстæм. Чи у Руслан,.уый тыххæй ныртæккæ фехъуыстам йæ фыды мад зæронд Фарийы ныхас. Мæнмæ афтæ кæсы, Фари, — загъта Зинаидæ Капитонов- нæ, — æмæ фароны хуызæн нал уыдзæн Руслан. — Уæрынтæ уын куы бахæрин, — загъта зæронд ус æмæ йæхи базмæлын кодта йæ мидбынат, — мæ уд мын бахордта, нал дзы фæразын, тамако’ дымындæр ма байдыдта. Хылтæ кæ~ ны æппынæдзухæй,, хæдзары цы ары уымæй йын æфсин нал хъæуы, уæддæр ма мæнæй буц хæринæгтæ, рæсугъд дарæстæ агуры,—йæ ныхасмæ ма фæстагмæ бафтыдта Фари. — Ацы аз сæ къласы разамонæг у ног ахуыргæнæг, Солтан.. Æмæ йæ уый бæрны кæнæм Русланы, — загъта Зинаидæ Капи- тоновнæ. Уыцы ныхæстæМ директоры кабинеты удаистæй фæми- дæг дежурни ахуыргæнæг æмæ йе’взаг йæ дзыхы нал бадт, аф- тæмæй загъта: —г- Зинаидæ Капитоновнæ иу чызджы та Руслан ныццавта. Чызджы дохтыры кабинетмæ бахастам, фæлæ ма дæ- хæдæг дæр тагъд фæзын! Йæ дзыхæй туг ракалди!.. Директоры кабинеты чи уыд, уыдон сеппæт дæр фæтарстысты æмæ фæдисо- нау разгъордтой æдтæмæ. — Мæ хæдзар мын куыд æрбайхæлдтай Руслан, дзырдта ма Фари дæр æмæ иннæты фæстæ йæ уæрджытæ хойгæ уый дæр дохтыры кабинеты дуармæ бахæццæ. Чызгæн йæ цæсгом мæрдон фæлурс ныццц. Йæ цæсгом ын до- нæй æхсадтой æмæ хуылыдз уыди. Адæм фæтарстысты. Дохтыр Илас дзырдта: — тæрсгæ ма кæнут! Чызгæн йæхи дæр ма тæр- сын кæнут! Ницы йын уыди. Йæ фæндзы туг куы рацыд, уæд æй уæлгоммæ æрæвæрдтам æмæ фындзы туг дзыхæй ракалд, æндæр дзы ницы ис тæссагæй. ^ — Ам цæуыл æрæмбырд стут, тагъд уроктæм! — хъæрæй загъта Солтан дуарæй мидæмæ цы чызджытæ æмæ лæппутге касти, уыдонæн. Иууылдæр фæйнæрдæм фæпырх сты, фæлæ ма сæ ныхас цыди: — Нал дзы фæразæм. Уæд та йæ тæргæ куы акæниккой! З’ын бамбарæн нæ уыд! сæ ныхас Русланы фæдыл кæй цæуы^ уый.^
РАСТ ФÆНДАГЫЛ. 57 *** Æвдæм «Б» къласы организатор Чабæхан ахуыргæнæджы стъолы фарсмæ бадти, тетрады цыдæртæ фыста, стæй сыстад, йæ аив дыууæ дзыккуйы фæстæрдæм дыууæ уæхсджы сæрты аппæрста æмæ йæ æмбал скъоладзаутæм кæсгæйæ загъта: — пъланмæ гæсгæ нæ къласæн абон ис æмбырд. Къласы разамо- нæг Солтан ныртæккæ æрбацæудзæни. Фæстаг урочы фæстæ фондз минутмæ æрбацæудзынæн, загъта æмæ бæлвырд кæм у, уымæ гæсгæ ныртæккæ ам уыдзæн. Кæмæ цы фæндон ис æмбыря байгом кæныны тыххæй? — Мæнмæ гæсгæ алчи йæ хæдзармæ дзæбæхæй куы ацæуид, Мæнмæ гæсгæ алчи йæ хæдзармæ дзæбæхæй куы.ацзуид, уæд бирæ хуыздæр уаид, — æвастæй, йæ бынатæй нæ сысткæйæ, загъта Руслан. — Афтæ гæнæн нæй, Руслан, — йæ ныхмæ фæлæууыд Чабæ- хан, — уæлдайдæр дæуæн не’мбæлы афтæ дзурын, ныхас та дæхиуыл цæудзæн. — Дзæгъæл дзырд бирæ ма кæн! Дæумæ дзурын куыд цæуьт, мæнмæ та хæрын афтæ цæуы. Æз цæуын нæхимæ, æндæр иннæ- тæн ницы зонын, — загъта Руслан æмæ ардауæн хуызы акастп æнæхъæе къласмæ. Къласæй дæр чидæртæ базмæлыд. Русланæн йæ чингуытæ йæ дæларм, афтæмæй къласы дуары ’рдæм ракас- ти. Чабæхан йæ размæ æрлæууыд æмæ хъæддыхæй загъта: — Хæдзармæ цæуæн нæма ис. Хуыздæр дын нæ уыдзæн... Сбад! " Уыцы ныхæстæм къласы дуар фегом æмæ мидæмæ æрбацыд Солтан. Скъоладзаутæ сæ бынæттæй сыстадысты. Сбадын сæ кодта æмæ уыцы змæлды Руслан дæр иу партæйыл йæхи æр- уагъта. Фæстаг партæйыл иу скъоладзауимæ æрбадти Солтан дæр æмæ æнæхъæн къласыл йæ цæст ахаста. Иууылдæр уыдыс- ты къласы æмæ йæ сæрæй ацамыдта Чабæхаймæ:—«райдай», — зæгъгæ... Æмбырдæн президиум æвзæрст’ æрцыд. Уый фæстæ ныхасы бар райста Чабæхан. — Авд боны размæ абоны хуызæн нæ ахуыры бæрæггæнæнтæ æмæ æгъдауыл ныхас кодтам— дзырдта Чабæхан.— Уæд сбæрæг ис нæ къласы цы 42 скъоладзауы ис, уыдонæй æвзæр бæрæггæ- нæнтæ уыдис1 æртæйæн. Йæхи æвзæр чи дардта урочы дæр, уын- джы дæр, уыдон уыдысты — дыууæ. Ам сыл мах ныхас кодтам. Фæндыдис нæ базонын нæ кълас нын фæстæмæ чи тæры, уыдон нын цы зæгъдзысты, уый. Цæй тыххæй ныннæкълас цæстыæфта^ уынц æнæхъæн скъолайы раз, директоры раз. Кæд дзы искæмæи йæ бон ахуыр кæнын нæу, уæд ыи хъ^амæ феххуыс кæнæм. Мах уæд сбæлвырд кодтам: æртæ скъоладзауæй æрмæстдæр Æхсарæн йæ бон нæ уыдис иннæты æййафын, уымæн æмæ авд боны рынчын фæци. Солтаны фæндмæ гæсгæ йæм мах сфидар
58 БЕРОЗТЫ АСЛÆНБЕГ кодтам хæрзæгъдау æмæ тыхджын скъоладзау Хазбийы. Ныр- тæккæ Æхсарæн фондзæй дæлæмæ бæрæггæнæн нал ис. Иннæ дыууæ скъоладзауæй домдтам, цæмæй зæрдиагæй райсой сæ чи- ныг æмæ бафæзмой ахуыры раззагдæрты, фæлæ ницы, Русланæн уыдис æртæ æвзæр бæрæггæнæны, ныр та йын баисты фондз. Ванойæн уыдис æртæ æвзæр бæрæггæнæны, ныр ын баисты цыппар. Кæй зæгъын æй хъæуы, хуыздæры æфсон фыддæр. Цымæ цæ- мæн афтæ у? Æз Русланы тыххæй ницы зæгъын. Æгæр бирæ дæр ма йыл фæдзырдтам, фæлæ уæддæр бонæй бон фыддæр кæ- ны. Нæй йæм æгъдау. Иæ æвзæр ахуыр æмæ æвзæр æгъдауьт. тыххæй йын директор уайдзæф бакодта. Ныр та абон ногæй «фескуыхти». Хуыздæр скъоладзаутæй иуы ныццавта. Чызг бауа- дзыг æмæ йæ туг йæ хъæла^сæй калди. Æпнын æрæджиау æй сæ хæдзармæ ахастой. Цы зæгъдзысты ныр та йæ бинонтæ не ’скъолайы тыххæй. Мах дæу тыххæй куы ’фсæрмы кæнæм, уæд дæхицæн цавæр цæсгом ис? — Иу фæндон! — йæ къух сдардта санитарон къамисы сæр- дар, скъолайы фæскомцæдисы бюройы уæнг Чермен. — Зæгъ! — бар ын радта Чабæхан æмæ Чермен загъта: — — Ахæм фæндон ис æмæ Руслан фæйнæджы цур лæууæд. — Ныхмæ зæгъæг нæй,—загьтой цалдæр скъоладзауы. Руслан знагау бакаст Черменмæ æмæ йæхимидæг загъта:— «хорз, хорз, фендзыстæм!...» Фæлæ йæ ныхасæгæр хъæрæй фæци æмæ йæ æцæхъæн кълас дæр фехъуыстой. Русланы нæ фæндыд фæйнæджы цурмæ, йæ цæстытæ ныттар кодта, фæлæ ахуыргæ- нæг Солтанмæ куы фемдзаст, уаед ницыуал сдзырдта æмæ æнæба. ры рацыди фæйнæджы цурмæ. Чабæханы фæстæ дзырдтой иннæ скъоладзаутæ дæр Русланы ныхмæ, йæ æвзæр ахуыр, æвзæр æгьдауы тыххæй. Чермен загъ- та, зæгъгæ, Руслан фыццæгæм къласæй æхсæзæм къласы онг ахуыр кодта иттæг хорз, фæлæ фæстагмæ йæ æгъдау дæлæмæ куыд æрхауд, йæ ахуыр дæр афтæ ныллæг æрцыди. Цалынмæ йæ æгъдау йæ бынаты сæв&ра, уæдмæ йæ ахуыр дæр æвзæр лгыдзæн, " Ахуыргæнæг Сдлтан лæмбынæг хъуыста ие скъоладзауш ныхæстæм æмæ, кæд хорздзинады фæдыл нæ дзырдтой, уæддæр йæ зæрдæмæ цавæрдæр хуры тынтæ бакастысты. Мæй æмæ æр- дæг кусы ацы къласимæ æмæ йæхи цæсты раз куыд рæ- зынц! Дыууæ ныхасы сæ æдæрсгæ кæрæдзийы фæдыл никæиы бон уыд зæгъын. Иыр ма кæс, — Къласы хъæндзинæдтыл сæ бон у ныхас кæнын тынг раст, стæй сæ аразгæ дæр скæндзысты. Фæлæ сæрмагонд кусын хъæуы ацы «цæргæсимæ» — хъуыды ко’дта йæхимидæг Солтан. Æмбырды кæронмæ ’ввахс ныхасы. бар ракуырдта Вано.
РАСТ ФÆНДАГЫЛ. 59 Фæйнæджы цурмæ рацыд. Йе ’мбæлтты ’рдæм раздæхт, цæсгом дыууæ хъусы онг сырх-сырхид аци. — Мæнæн цыппар æвзæр бæрæггæнæны ис æмæсæ авд бон- мæ фæндзгæйттæй раивдзынæн. Дзырд дæттын. Бахатыр мык кæнут... — Хорз, фендзыстæм, — загъта Чабæхан æмæ бар радта Ванойæн сбадынмæ. Вано сбадт æмæ йæ сæр ныллæг æруагъта. Бæрæг уыдис, ахуыры мидæг æм йæ æгуыдзæгдзинад ныр хар- дзау кæсын кæй байдыдта, уый. Ныхасы бар ракуырдта Чермен. — Адæймагæн йæ бон цыуа,уыйкуы нæ кæна, сыгъдæг зæр- дæ куы нæ уа йе ’мгæртты æхсæн, уæд уый æфхæринаг у. Ам Русланы мæнæй хуыздæр ничи зоны. Фыццæгæм’ къласæй абоиы онг ахуыр кæнæм иумæ. Ахуыр кæнын йæ бон у тынц хорз æмæ тынг хорз дæр ахуыр кодта. Фæлæ æхсæзæм къласмæ куы ба- цыд, уыцы бонæй фæстæмæ бынтон йæ хъуыддаг нал цæуы. Ахуыргæнджытæм нал хъусы, кълас, æмгæрттæн аргъ нал кæ- ны. Суанг ма, тамако дæр райдыдта дымын. Сывæллон нал у Руслан. Хъуамæ йæ æмбара æнæхъа^н кълас цъыфцæском кæй кæны, уый. Бирæ йæм фæкастыстæм æмæ абон алыг кæнын хъæуы: ахуыр кæнын æй фæнды, æви нæ? Кæд æй махимæ нæ фæнды, уæд нæ мауал хъыгдарæд. Фæстаг хатт ма йын дæттæм æмгъуыд. Æрмæст фæстаг хатт!.. Ванойы ныхасма байхъуыстам, фæлæ нын Руслан та цы зæр- дæ æвæры, —■ зæгъта Чабæхан æмæ Русланмæ аздæхт. Руслан йæ цæстытæ доны разылдта æмæ зæхмæ æдзынæг ныккасти. Уы- цы рæстæг Солтан йæ бынатæй сыстад æмæ размæ рацыди: —Ам цыдæриддæр ныхасæй æрцыди, уыдон раст сты сеппæт дæр. Уе’ппæты дæр хъæуы ахуыр кæнын. Ахуыркæнæн та ис æрмæстдæр уæд, æмæ адæймдгмæ æгъдау куы уа. Алчи дæр хъуамæ уарза йе ’скъола, йæ адæм, йæ райгуырæн бæстæ æмæ уыдон сæранпонд хъуамæ кæддæриддæр цæттæ уа алы зындзи- падмæ дæр. Фыдыбæстæйы стыр хæсты заманы сымах æмгар советон фæсивæд нæ Райгуырæн амондджын бæстæйы сæрыл мæ- лæтдзаг тох кодтой знаджы ныхмæ æмæ йæ басастой. Фæском- цæдисон Зоя Космодемьянскæйы немыцаг лæгхортæ куы ’рцах- стой æмæ йæ уазал хъызт зымæг скъуыдтæ къабайы бæгъæвва- дæй митыл ауындзæнмæ куы ракодтой, йæ алыфарс салдæтты- тæ æд автоматтæй куы ’рлæууыдысты, уæддæр æй нæ басастой, нæ! Йæхæдæг сæ басаста! Ауындзæны раз сын фæстаг ныхас загъта: «Цъаммар лæгхортæ, хурскæсæнæй сармадзанты богъбогъ цæуы. Сырх æфсад æрбацæуы. Сталинон хурæн бамынæггæнæн нæй. Æгас цæуæд Советон райгуырæн бæстæ, æгас цæуæд Сталин!.. Æмæ йæ хъустыл (ауад Сталины ныхас^ — Хъусын дæм!..—Стæй йæ цæстыты размæ арвыл февзæрди Сталины сурæт. Сталин, йæ рахис къух хæрдмæ ист, афтæмæй
60 БЕРОЗТЫ АСЛÆНБЕГ йæ мидбылты худы Зойæмæ... Зоя ма фæстаг ныхас скодта: — «Райгуырæн советон бæстæ, Сталин!..» Уыцы ныхæстæм æнæхъæн кълас дæр ныхъус и. Русланы цæсгом тæригъæд æмæ уарзон цæстæнгас æвдыста Зойæмаэ æмæ лæмбынæгæй хъуыста Солтаны алы ныхасмæ дæр. Афтæ йæм каст цыма къласы нал ис Руслан, фæлæ Зойæйы фарсмæ лæууы. Алырдыгæй та чъизи лæгхортæ æд автоматтæй лæууынц... æмæ иу Русланæн йæ къухтæ сæхи мидæг æрбатымбылтæ сты цæвыи æввонг. — Афтæ уарзын хъæуы райгуырæн Советон бæстæ æмæ йын йæ дзæбæхтæ фидын хъæуы. Ныртæккæ мах стæм. ахуырады фронты. Советон бæстæйы раз, Сталины раз хъуамæ мах нæ хæс баххæст кæнæм! Æз дæр разы дæн уæ ныхæстимæ. Хъуамæ цып- пæрдæс бонмæ мах къласыи мауал уа æвзæр бæрæггæнæн. Æз æнхъæл дæн Руслан æмæ Ванойы æвзæр æгъдау æмæ æвзæр ахуыры тыххæй мах ныхас кæнын нал бахъæудзæн. Руслан, сбад, — загъта Солтан æмæ Руслан сбадт. Солтак дæр стъолы фарсмæ æрбадт. Дыккаг фарста у бæлæстæ садзыны фæдыл. Ныхасы бар ис Черменæн, — загъта Чабæхан. Чермен тагъд-тагъд рауади размæ, æххæст нæма æрбахæццæ стъолы цурмæ, афтæ райдыдта дзурын: — Дзырд ис не скъолайы алфамблай дыргъ цæхæрадон са- разын. Скъолайы дирекцийы пъланмæ гæсгæ зæхх уæрст æрцы- ди къласы сæрыл. Мах къласæн дæр лæвæрд æрцыди хицæн хай. Райсом у хуыцаубон æмæ алы кълас дæр йæ хайыл кусдзæн. садздзæн æй. Сеппæтæн дæр разамынд дæтдзæн ботаникæйы ахуыргæнæг Галинæ Ивановнæ, фæлæ уæддæр мах нæхицæй равзарын хъæуы хисдæр, нæ куысты тыххæй сæрмагонд дзуапп чи дæтдзæн, ахæм. — Кæмæ уæ цы фæндон уыдзæн уый тыххæй? — бафарста Чабæхан. — Ис фæндон. Нæ къласы, цæхæрадоны хайæн бæрнонæн æв- зæрст æрцæуæд Руслан, — загъта Чермен. Руслан уый æнхъæл нæ уыд æмæ йæ зæрдæ тынгдæр сгуыпп-гуыпп кодта риуы. Цæс- гом фæсырхи æмæ аивæй æрбакасти Солтаймæ. Фæндыди йæ ба- зонын Солтан æм цы цæстæй кæсдзæн, уый. Фæлæ Солтан уæл- дай хуызæн нæ фæкодта йæхи æмæ биноныг хъуыста ныхасгæ- нæгмæ. Ныхас кæй фæндыди, ахæмтæй къласы цалдæр къухы фæзынди. Ныхас райсæг чызг загъта: — Мах Русланы не’взарæм!.. Руслан ницы бакæндзæн..7 Ныхас цы даргь хæссæм. Къласы рауади тынг бирæ ныхас Русланы тыххæй. Иутæ йæ сæрыл дзырдтой, иннæтæ йæ ныхмæ. Æрмæст фæскомцæдисон Чермен йæ фæндоныл фидарæй лæу- уыди æмæ дзырдта: — Руслан у хъаруджын, ныфсхаст, сæрæн лæппу, мæнмæ гæс-
РАСТ ФÆНДАГЫЛ. 61 Руслан ацы хæс баххæст кæндзæн. — Руслан уыцы куыст баххæст кæндзæн иттæг хорз. — Æз дæр разы дæн Чермены фæндоныл, — загъта Солтан. Фарста хъæлæсмæ æвæрд æрцыд. Æнæхъæн кълас сæ къухтæ сдардтой Русланы тыххæй. Æрмæст Руслан не сдардта йæ къух, фæлæ йæ фæндгæ та сеппæтæй дæр тынгдæр кодта ’вз’æрст куы ’рцæуид, уый. Партæйыл бады ныр. Йæ сæр ныллæг æруагъ- та. Йæ дыууæ къухæй йæ цæсгом бамбæрзта æмæ сæ саггæмтгы касти Солтан дæр ыл йæ къух кæй систа, ^ымæ. Ууыл фæци æм, бырд. Æрмæст ма Солтан загъта: — Чабæхан, Руслан æмæ Чермен, иу чысыл фæфæстиат ут. Иннæтæн цæуыны бар ис сæ хæдзæрттæм. Райсом аст сахатмæ скъолайы кæртмæ бæлæстæ садзынмæ æрцæут. *** — Æз уæ бауырæдтон цалдæр ныхасы тыххæй, — райдыдта дзурын Солтан, — не скъолайы мах (кълас хъуамæ разæй уа алы хорздзинады дæр. Хъуамæ мах къласы ахуыргæнинæгтæ æгъдауæй дæр, ахуырæй дæр, æхсæнадон куыстæй дæр раззагдæртæ уой скъолайы, сколаты ’хсæн та мах скъола уа разæй... Цард æхсæрдзæнау абузгæ кæны, размæ цæуы бонгай нæ, фæлæ сахатгай æмæ хъуамæ мах дæр йемхуы- зон цæуын фæразæм. Райсом ныл стыр хæс ис. Нæ кълас хъуамæ йæ хорз цæсгом равдиса. Æмхуызонæй хъæлдзæгæй хъæудзæн кусын. Ахуыргæнæджы амындмæ гæсгæ бæлæс- тæ хъуамæ æрцæуой сагъд. Дæуæн, Руслан, бирæ æххуыс кæндзæн фæскомцæдисон организаци. Ныртæккæ дæр фæском- цæдисонты фæндыди дæу равзарын æмæ дæ равзарын кодтой. Аргъ кæнын хъæуы уыцы æууæнкæн. Хъуамæ йæ æмбарай, фæскомцæдиеон организацийы дæ хорздзинад кæй фæнды, кæй йыл кусы> уый. Мæнæи хт^ыг у, Руслан, абоны онг фæскомцæ- ’дисы кæй нæ дæ, уый. Уый тыххæй та дæ дæхи бацæттæ кæнын хъæуы. Ныр та уал нæ ныхæстæ фæуæм æмæ цомут баулæфæм... Уыйадьтл æртæйæ дæр йæ фæдыл рацыдысты. Сеппæты дæр ’фæндыди йæ фатермæ йæ куы бахæццæ кодтаиккой, уый, фæлæ Солтан загъта: — Мæнæ Русланимæ ацæудзыстæм, сымах аздæхут. Солтаны фæндыди Русланимæ хибарæй ныхас кæнын, ныр ахæм фадат æрцыди. Чабæхан æмæ Чермен уынджы иуырдæм аздæхтысты, Сол- тан æмæ Руслан та иннæрдæм. — Æххормæг дын уыдзæни, æвæццæгæн, — загъта Солтан.— Абон кæд æмæ кæд рацыдтæ скъоламæ, чизоны хæргæ дæр ницы бакодтай уæхимæ, тагъд-тагъд кодтаис скъоламæ... — къахæ- гау загъта Солтан.
62 БЕРОЗТЫ АСЛÆНБЕГ — Æххормаг мын нæу... — Хæдзары куыстытæ дæр дæхæдæг фæкæныс? Æнхъæл- дæн бинонтæй бирæ не стут? — Солтан архайы нЫхас бацайдагъ кæныныл. , — Æз мæ фыды мадимæ цæрын. Дыууæ йёттæмæ не стæм.0„ —’ Фыццæгæм къласæй нырмæ, куыд ахуыр кодтай, уый æз зонын. Федтон дын де скуыхтдзинæдтæ. Иттæг хорз сты. Фæла^ æхсæзæм къласы бынтон æндæрхуызон фæдæ, цæмæн цымæг Руслан?.; — Ахуыргæнджытæй мæн ничи уарзы... — хъавгæ загъта. раст цымæ йе стыр сусæгдзинад фыццаг адæймагæн зæгъы, афтæ, — Уый та куыд æмбарын хъæуы, Руслан? Ды мемæ хъуамæ æргом ныхас кæнай алцæйы тыххæй дæр. Цæй тыххæй дæ хъуа- мæ ма уарзой ахуыргæнджытæ? Ахъуыды кодта, стæй та загъта: — Раст у... Алы ахуыргæнæг дæр фылдæр уарзы хуыздæр æгъдау кæмæ ис скъоладзаутæй, хуыздæр чи ахуыр кæны, уыдо. ны. Адæймаг м& йæхи хъæбултæй дæр фылдæр фæуарзы æгъдау дзы хуыздæр кæмæ вæййы, йæ коммæ дзы чи кæсы, уыдоны. Кæд дæм ахуыргæнджытæй исчи тызмæг цæстæй кæсы, уæд уый у æрмæстдæр дæхи аххос. Чизоны дæ æвзæр æгъдауы тыххæй, æвзæр кæй ахуыр кæныс, уый тыххæй. Æмæдæ бар ис. Де’гъдау йæ бынаты фидар сæвæр. Райдай зæрдиагæй ахуыр кæнын- Æмæ уæд фендзынæ, кæддæра дæм ахуыргæнджытæ дæр, скъо- ладзаутæ дæр, фæскомцæдисон организаци дæр бынтон æндæр цæстæй кæсын нæ байдаиккой. Уæдæ цы... Æз æнхъæл дæн æмæ ды афтæ бакæндзынæ. Царды мидæг ис дыууæ фæндаджы: раст æмæ зылын. Кæцыйыл дзь* цæуынмæ хъавыс? Мæн фæнды, цæмæй раст фæндагыл размæ дард ацæуай, уый... — Уыцы ны- хæстæ кæнгæйæ, Солтан æмæ Руслан бахæццæ сты Солтаны фа- теры дуармæ. — Бузныг, Руслан, кæй мæ æрбахæццæ кодтай, уымæй, —ч загъта Солтан æмæ йын йæ къух райста. —Хæрзæхсæв, — Загъта Руслан æмæ рацыди сæхимæ. Уынджы цыди йæхимидæг хъуыдытæ гæнгæ. Худинаг аем кæсын байдыдтой йæ митæ æмæ йæхимидæг алыг кодта:> «Æз ацы скъолайы нал ахуыр кæнын.Иууылдæр мæм сты хæрам, Ахуыргæнджытæ мæ се сæфт федтой, скъоладзаутæ дæр афгæ, Суанг ма Чермен дæр мæ ныхмæ райдыдта дзурын. Æрмæст ма мæм лæгъздæрæй йæхи равдыста Солтан, фæлæ мæм уый дæр хæрам уыдзæн. Иæ коммæ нæ кастæн. Уроктæ нæ цæттæ кодтон, æрæджытæ кодтон барæй. Стæй ма йæ иннæ ахуыргæнджытæ дæр бацардаудзысты мæныл... Нæ!.. Мæнæн ам бынат нал ис... фæлæ кæдæм?.. Кæдæм ацæуон?..» Афтæ хъуыдытæ гæнгæ Руслан сæ кæрты дуармæ бахæццæ.
РАСТ ФÆНДАГЫЛ, 63 Дуары æхгæнæн байгом кодта. Дуарыл бах^цыд æмæ йæ ба- зыхъыр кодта, стæй дзы иуфарсырдæм бацыд. Р1æ къæбыла «Гауыр», урс къуыбылойы хуызæн, разгъордта йæ хицауы ра^- мæ. йæ алыфарс ратæх-батæх акодта. Хæдзары’рдæм фæстæ- мæ базгъордта. Ногæй та радугъ кодта Русланмæ. йæ цæсгомæй зынди æрмæст æртæ сау тымбылы: йæ дыууæ цæсты æмæ йæ фындзьг къоппа. Русланмæ афтæ фæкаст, цыма йын «Гауыр» афтæ зæгъы: — «Мах дзæбæх стæм. Хъуджы бафснайдтам. Ссады хамбохъ ба- хордтон. Нана хуыссы. Фæлæ де скъолайы хабæрттæ куыдтæ цæуынц!» Руслан æрбадти уатмæ схизæн асиныл: «Гауыр» йæ цу_ ры ахуыссыд, йæ дыууæ раззаг къахыл йæ чысыл къуыдыр сæр авæрдта. Хъуыды кодта Руслан: — «æмгæрттæй фæсте баззай, уый æгад у. Раст фæндагыл... куыд? Хæдзар, Нана... æфсæддон скъола?.. æмæ кæм, чи мын раттдзæн ахæм гæххæттытæ... Ацы скъолайы... Нал ацæудзæн куыст. Цыфæнды хорз куы ахуыр кæнон, уæддæр мын фондз ничиуал сæвæрдзæн.»—Ахæм хъуыды- тæ сæры зилдух кæнынц... Уый фæстæ йæ бынатæй фестад. Хæ- дзармæ бацыд æмæ Фарийы сынтæджы цурты йæ хуыссæнмæ барасти. — Æз дæн!.. — загъта Фарийы фарстæн... Иннæ хæттыты уæлдай йын ацы хатт ахæм* фæлмæн дзуапп цæмæн радта Русл’ан, стæй арынджы хæринæгтыл йæхи цæуыл- нæ ныццавта, ууыл фæдис кодта Фари, фæлæ уæлæмæ ницы сдзырдта. *** Æртыккаг бон фæстаг урочы фæстæ скъоладзаутæ пионерты хисдæры алыфарс æмбырдтæ кодтой. Пионерты хисдæр хъæрæй касти газеты: «Фæзминаг кълас». Æвдæм «Б» кълас ныссагъта фылдæр æмæ рæсугъддæр дыргъ бæлæстæ. Сæ цæхæрадоны хайы куыз- той сеппæт дæр æмхуызонæй, хъæлдзæгæй. Къласы хайы бæр- нон Руслан бæлвырд, ахуыргæнæджы амындмæ гæсгæ, кусыл кодта æппæт скъоладзауты. Æвдæм «Б» кълас ныссагъта дыууæ сæдæ бæласы... Руслан йæхæдæг æрхаста фондз æмæ ссæдз дыргъ бæласы...» Уыцы рæггæг Чермен æмæ Руслан иу къуымы ныхас кодтой. Руслан, кæд ныхасмæ хъуыста, уæддæр йæ цæст дардта газет кæсджыты ’рдæм. — Бæлæстæ рæсугъд садзыны бæсты уал йæ æгъдау рæслгъд куы ныссадзид, — сдзырдта иу чызг æмæ сæрыстырæй рацыди Русланы цурты. — Чызг! ды та дæ дзыхыл куы нæ хæцай, уæд дыы æз аркъа- уæй де ’взаг сласдзынæн, — йæхи нал бауырæдта Руслан æмæ фырмæстæй йæ цаэстытæ доны разылдта. -
64 БЕРОЗТЫ АСЛÆНБЕГ — Ахæм ныхæстыл мæсты нæ хъæуы Руслан! Уадз æмæ ма абон дзура. Мах дæуимæ^афтæ бакæнын ^съæуы æмæ райсом æнæхъæн скъола дæр иннæрдæм куыд дзура дæу тыххæй, — загъта Чермен. Уыцы рæстæг фæскомцæдисон организацийы сек- ретарь Петро цалдæр фæскомцæдисонимæ æрбацыд, Русланы къух райста, йæ цæсгомыл хъæлдзæгдзинад ссыгъд æмæ загъта: — Бузныг, Руслан! Æнæхъæн скъолайæн дæр кад скодтай дæ хорз куыстæй. Мах æнхъæл стæм æмæ ноджы хæстæгдæр æрба- лæудзынæ фæскомцæдисон организацимæ. Цомут ныр бюройы æмбырдмæ... æмæ иннæтæ йæ фæдыл араст сты. Чермен æмæ ма Руслан аззадысты сæ бынаты. — Ды дæр рацу,— загъта Чермен Русланæн,— ныхас кæн- дзыстæм иннæ хуыцаубоны колхозæн феххуыс кæныны тыххæй. Бирæ нæ бафæстиат уыдзыстæм. Стæй иумæ ацæудзыстæм. Руслан ницыуал загъта. Чермены фæдыл бараст бюройы æм- бырдмæ. Æрмæст æфсæрмы кодта йæхимидæг. Исчи дзы афтæ куы зæгъа* «амæн та ам цы ис, æгъдау æм куы нæ ис, ахуыры йе ’мбæлтты куы не ’ййафы...» йæхимидæг тыхсти Руслан. Иæ дæсгом ссыгъди æмæ дзæбæх кæсгæ дæр никæмæ бакодта, аф- тæмæй Чермены фарсмæ æрбадт бадæны кæроныл. Бюройы уæнгтæй алкæмæ дæр касти аивæй, фæлæ дзы йæхимæ хæрам цæстæнгас никæмæ рахатыдта. Сеппæт дæр уыдысты хъæлдзæг, разæнгард. — Цæй райдайæм, — загъта Петро æмæ иннæтæ сæ бынæтты ныссабыр сты. — Æз уæм фæдзырдтон цалдæр ныхасы тыххæй. Скъолайы дирекци сфæнд кодта хуыцаубоны Сталины номыл колхозæн феххуыс кæнын. Дирекцийы пълан цæмæй хуыздæр баххæст кæнæм, уый тыххæй нæ активы бригадтыл адйх кæнæм. Скъола кусдзæни æртæ бригадæй. Алы бригадмæ дæр фидаргонд хъуамæ æрцæуа бюройы уæдгтæй иу... , Ь^ыбыр ныхæсты фæстæ сбæрæг- ис, бюройы уæнгтæй кæмæн цы хæс лæвæрд цæуы, чи цы кусдзæни, уый. Бюройы æмбырд йæ кæронмæ куы фæцæйхæЦцæ кодта, уæд Петро загъта: — Фылдæр æргом мах аздахын хъæуы скъоладзаутæм. Скъолайы фæскомцæдисон организаци нырма куыд æмбæлы, аф- тæ нæма райдыдта йæ куыст. Скъоладзаутæй дзæвгар ахуыры не ’ййафынц хуыздæрты. Иуæй-иутæ хæлдтой æмæ халынц ныр дæр ма скъолайы æгьдау. Мах нæ зонæм, нæма арæхсæм се- *мæ фаг кусын. Афтæмæй та фæскомцæдисон организацийы куыст фидар сæвæрыныл махæн бирæ æххуыс ис, ахуыргæнæг, партийы уæнг Солтан у нæ хорз æххуысгæнæг æмæ куыд кусын хъæуы, уый амонæг. — Мах хуыздæр аргь кæнын хъæуы хистæр æмбæлттæн, — дзырдта дарддæр Петро. — Солтан куыд арæхсы цауддæр æмæ фыдуагдæр скъоладзауты æртасын кæнын æмæ сæ раст фæнда-
РАСТ ФÆНДАГЫЛ. 65 гыл саразын, афтæ мах дæр ахуыркæнын хъæуы. Руслан нæ цæс- тыты раз рæзы æмæ æндæрхуызон кæны хуыздæрырдæм. Руслан ныхъус, йæ цæстытæ йæ къухты аууон бакодта, афтæ- мæй æнцад хъуыста. — Æххуыс кæнын кæмæн хъæуы, йæ бон кæмæн у, фæлæ нырма йæ фæдчитæ чи нæма æрбатымбыл кодта ахуырмæ, уыдон сбæрæг кæнын бабар кодтам бюройы уæнг Джерийы-фыртæн æмæ йæм сабаты байхъусдзыстæм^ Æгъæд у уыдонæн уæнгмар- дæй ахуыр кæнын... Цæмæй нæ алкæйы бон дæр уа домбайæ дзу- рын, иннæ скъоладзауты нæ фæдыл размæ акæнын, уый тыххæй та альг бюройы уæнг дæр, алы фæскомцæдисон дæр хъуамæ ахуыр кæна иттæг хорз... Ууыл фæци бюройы æмбырд. Скъолайæ рацыдысты. Чермен ».æмæ Руслан цыдысты иумæ. — Руслан, дзæгъæлы ’дæм афтæ касти, зæгъгæ, фæскомца> дисонæй, бюройы уæнгæй, ахуыргæнæгæй — сепнæт дæр дæ ныхмæ сты. Уыныс раст нæ уыдтæ ды, уый? Скъола куы змæу- тай, ахуыр куы нæ кæнай, дæ æгъдау куы нæ бæзза, уæд ма дæ- хæдæг ахъуыды кæн: уый æмбæлттæн æхсызгон у? Нæу! Дæу та куы бафæнда, уæд авд бонмæ дæ бæрæггæнæнтæ фæндзгæйт- тæй раивдзынæ, стæй дæ иннæ куыстытæм дæр ничи баййафдзæн. Мах скъолайæ ацæуыны фæнд дæм кæй ис, уымæй дæр раст нæ кæныс. Кæм мын æй схъæр кодтай, уым дын зæгъын: æнцад у. Ахуыр кæн. Чизоны æфсæрмы кæныс дæ фыдуагдзинæдты тых- хæй, фæлæ дæ хорз æгъдауæй, дæ хорз ахуырæй, æхсæнадон куыстытæй уайтагъд дæхи сраст кæндзынæ . скъолайы раз. Æрæджы нæм бюройы дæр дæу тыххæй бирæ ныхас уыди, фæлæ дæу уый зонын ницæмæн ма хъæуы. Цыхас кодта Солтан, стæй директор Зинаидæ Каяитоновнæ дæр уым уыди æмæ йемæ сра- зы^ис. Зираидæ Капитоновнæ та адæймагæй цы рауайдзæн, уый иу кастæй дæр базоны< Уыцы ныхасы фæстæ, æнæдзургæйæ, дыууæ лæппуйы куыро- ны донмæ бахæццæ сты. Нарæг хидыл Руслан йæхи разæй^фæ- кодта. Фæстæмæ фездæхт æмæ загъта: — Чермен, æз дæу æдзух- дæр уарзтон. Ныртæккæ дæр дæ уарзын!.. Фæстаг заман мæм •афтæ касти, цыма мæ æппындæр нал уарзыс, фæлæ... Бахатыр мын кæн... Æз раст нæ уыдтæн. Ньгр дæ курын æмæ мын зæгъ: мæн тыххæй Солта’н æмæ Зинаидæ Капитоновнæ бюройы цы дзырдтой!.. Æз зонын бюройы уынаффæтæ, ныхæстæн æдтæмæ хæссæн нæй, уый, фæлæ мыл баууæнд... Чермен!.. Курын дæ!.. — Уæдæ мын ды дæр зæгъ: æхсæзæм къласæй фæстæмæ æв- зæр æгъдауыл цæмæн ныххæцыдтæ, ахуыр цæуылнæ уал кæныс, мæиимæ дæр ма цæмæн фæтигъ дæ!.. — Хорз. Уæдæ кæд афтæ у, æмæ йæ дæхæдæг не ’мбарыг, уæд дын æз зæгъдзынæн. Мæнæн тынг хъыг у, Чермен, хъуыды дæр мæ кæй ничи кæны, уый. Нырма мæн никуы никæдæм рав-
66 ЕЕРОЗТЫ АСЛÆНБЕГ зæрстой. Никуы мын ницы куыст бабæрны кодтой. Къласы ор- ганизатор мæ иу æдзух дæр фæндыди, никуы мæ равзæрстон. Санитарон къамисы сæрдар мæ фæндыди, нæ мæ равзæрстой. Учкомы мæ фæндыдис кусын, нæ мæ равзæрстой. Къул^ газеты редколлегийы кусын мæ фæндыди, никуы мæ ничи никæдæм рав- зæрста. Иу хатт мæ нæ къласæн газеттæ рафыссыны тыххæй чидæр балæвæрдта, фæлæ та уæддæр мæн нæ равзæрстой. Æз афтæ нæ зæгъын æмæ хъуамæ æз уон, фæлæ... мæнæй хуыздæр ничи бакусид нæ къласæй. Мах къласы æгъдау æмæ ахуыр æп- пæт скъоладзауты æхсæн дæр бафауинаг уыдысты. Мæнмæ уый иннæ кълæсты раз хардзау касти. Æз куы уыдаин къласы орга- иизатор, у&д мах къласы æгъдау кълæсты раз фæзминаг уыдаид. Мæн, Чермен, мæхи тыххæй нæ фæндыди кусын, нæ! Мæн фæндыд нæ къласы тыххæй, неппæты тыххæй. Стæй ма мæ иу хатт арифметикæйы ахуыргæнæг йæ урокæй дзæгъæлы куы ра- тардта:,дежурни, дам„ ды дæ æмæ фæйнæг цæуылнæ ныссæрф- тай, зæгъгæ, афтæмæй та дежурни ды уыдтæ, Чермен. — 0, уый ма æз дæр хорз хъуыды кæнын, — загъта Чермен. — Уый дæр æм æгъæд нæ фæкаст... Ме ’ мгæртты æхсæн мын куьт бафидис кодта: лæ сæдæ зæбулы иу æндахыл куы хæ- цынц...—Уыцы ныхæстæм Русланæн йæ хъ^ыр ахгæдта, зæрдæ æрбауынгæг æмæ цæсты сьтгтæ рустьтл æруадысты... — Цæй тыххæй мын ахæм фидистæ бакодта! Зоныс, Чермен, уый фæстæ мæм ахуыр кæнын æппындæр нал цыди. Уыцы ныхæстæм Чермен лæмбынæг фæхъуыста æмæ фæсмон- гæнæгау загъта: — Æмæ мын уæд ныры онг куыд никуы загьтай?.. Солтан раст у... Бюройы дæр йæ ныхас ууыл уыди... «Фыддæрадæн кæ- ны, йæ зæрдæйы цыдæр фыдохдзинад ис æмæ йæ къласы калы... Фæлæ, —■ загъта, — лæг саразæн дзы ис æмæ дзы хъуамæ лал дæр саразæм»... Дыууæ æмбалы хидыл ауадысты ’ æмæ кæрæдзимæ хæлар зæрдæ даргæйæ, уынджы дыууæрдæм аздæхтысты, *** Скъолайы кæрты æппæт скъоладзаутæн дæр уыди линейкæ æмæ уым лæууыдысты. Ахуыргæнджытæ лæууыдысты иу ран. Скъоладзаутæн се ’нгас арæзт уыдис сæ ахуыргæнджытæм. — Байхъусут! Ныхас кæндзæн скъолайы директор Зинаидæ Капитоновнæ! — фехъусын кодт? физкультурæйы ахуыргæнæг æмæ иуфарсырдæм алæууыд. Адæм ныссабыр сты. Директор раздæр рацыд æмæ загъта: — Æз уын бакæсдзынæн Сталины номыл колхозы разамон- джытæ не скъолайы номыл цы письмо æрбарвыстой, уый. «Æм- бал директор, уе скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытæн сæ зæр-
РАСТ ФÆНДАГЫЛ. 67 диаг æмæ биноныг куысты тыххæй нæ колхозонты номæй арфæ ракæнут. Бузныг сеппæтæй дæр. Фæлæ курæм æмæ Русланæн йæ хорз куысты тыххæй, колхозонтæн алы изæр газеттæ кæй кæсы, бæстæйы уавæр сын кæй æмбарынкæны, бригадæн къулы газет кæй уадзы æдзухдæр афоныл, иннæ скъоладзауты дæр куыстмæ разæнгард кæй кæны, уый тыххæй сæрмагонд арфæ ра- кæнут. Хъомыл кæнут ноджыдæр ахæм æгъдауджын, хъару- джын, колхозон хъуыддагыл иузæрдион кусджытæ! Колхозонты номæй парторг Хæмæт». Директор размæ ракодта Русланы. Уый фæстæ скъолайы ахуырады хайады сæргълæууæг бакас- ти скъолайы директоры сæрмагонд дзырд Русланы хорз куысты тыххæй. Æмæ загъта: —Кæд ма хæрз æрæджы дæр Руслан йе ’мбæлтты не ’ййæфта ахуыры, æгъдау халæг уыди, уæд абон аф- тæ нал у. Русланæн ныртæккæ фондзæй дæлæмæ бæрæггæнæн нæй. Русланы æгъдау абон фæзминаг у скъоладзауты æхсæн. Ныртæккæ фехъуыстат колхозонты письмо æмæ директоры сæр- магонд дзырдРусланы тыххæй. Русланæн скъолайы дирекци æмæ фæскомцæдисон организаци бамбарын кодтой колхозонтæн алы изæр газеты кæсын, стæй фыццæгæм бригадæн къулы газет уадзын æмæ уыцы хæстæ æххæст кæны фæзминагæй. Ие ’гъдау, йæ ахуыр бынтон хорз кæмæн нæма сты, уыдон дæр хъуамæ сæ- химæ æркæсой... Ныр та урокмæ!.. Уыйадыл скъоладзаутæ хъæлдзæг худт, ныхасгæнгæйæ, цæ- уын байдыдтой кълæстæм. *** Зымæгон ивæр. Стыр миты тъыфылтæ зæхмæ уæззаугай хау- дысты æмæ зæхх æрæмбæрзтой. Хъæлдзæг сывæллæттæ скъола- йæ разгъордтой. — Дæ къух мæм авæр, Руслан! Цин кæнын æз дæр. Фæнды мæ цæмæй райгуырæн Советон бæстæйы размæ баххæст кæнай дæ хæс. Мæн уырныдта фæскомцæдисы кæй уыдзынæ, уый. Æмæ мыы ныр æхсызгон у, — загъта Чабæхан. Иннæ æмбæлттæ дæр райстой Русланы къух. — Бузныг, бузныг!.: — Цины тыхстхуызæй дзырдта Руслан.— Дæуæй та курын, Тинæ, ныххатыр мын кæн! Иу хатт дæ кæй ныццавтон, уый тыххæй. Фæсмон ыл кæнын. — Дæнæй ма рох дæр фæци! — хъæлдзæгæй загъта Тинæ. — Ахæм рог цæфтæ! Уыдон ницы сты фæлæ ды раст фæндагыл кæй ныллæууыдтæ, мах та ууыл цин кæнæм* — Бузныг, бузныг!.. æфсæрмы хуызæй дзырдта Руслан. — Руслан, дæ командæ бацæдтæ кæныныл ма ауæрд. Ерысты бирæ домбай командæтæ [уыдзæн æмæ фæстейы ма баззай! — загъта Чермен æмæ скъолайы дуармæ ацамыдта.
68 БЕРОЗТЫ АСЛÆНБЕГ — Зонын æй, Чермен! Нæхи тынг цæттæ кæнæм. Ссæдз боны фæстæ райдайдзысты хъæбысхæсты ерыстæ. Ныр ма зын дзурæн у, фæлæ не ’скъолайы кадыл стыр тохы бацæудзыстæм. Солтач нын1 йæхæдæг у тренер. Дис ууыл кæнын, Чермен, æмæ алы ран дæр æмхуызон хорз куыд арæхсы, куыд æййафы æппæт кæныи дæр? Цавæр адæймаг у!г Мæхицæн та мæ митæ мæ зæрдыл куы ’рлæууынц, фыццаг æрбацæугæйæ дзы ахъазынмæ куыд хъа- выдтæн, йæ коммæ куыд нæ кастæн, уый, уæд мæ цæсгом нæ, фæлæ ма мæ буар дæр рахид вæййы фыр æфсæрмæй. Афтæ ныхæстæ кæнгæ уынджы цыдысты скъоладзаутæ æм- вæтæнæгæй. Мит сыл йæ урс пæлæз æмхуызон æрытыдта æмæ сæ чи кæцы у, уый зын базонæн уыдис.
СОЛ ГРИН КÆД НЕГР ДÆ... О æлгоймаджы буар сындæггай дзедзырой кодта бæндæ- * * ныл. Æгас изæр дзынгатæ хъуыддагхуызæй зилдух кодтой йæ алыварс. Кæддæр уый уыди рæсугъд, тыхджъш буар... Бæндæны æнæ- хатыр æлвæстæй уымæн йæ нуæрттæ уыдысты бирæ лыстæг æл- хынцъытæ æмæ æппындæр \нал тæлфыдысты йе ’рттиваг морæ цармы бын. Ричард Лййыл цыдис дыууын æртæ азы. Дыууын æртæ аз — уый, æвæдза, бирæ цæрæнбон у, кæд негр дæ, æмæ дæ райгуырæн бæстæ Хуссар у, уæд, кæд дæм урсцъар адæм æнæуыноны цæстæй кæсынц, мæгуырдзинад æмæ удауæл- дайдзинад дæ хай сты, уæд. Уый бирæ цæрæнбон у, кæд дæ хъысмæтæй æфхæрд дæ, уæд, кæд дын ис морæхуыз царм, тъæ- пæн ^фындз æмæ бæзджын былтæ, уæд. Ричард нæ хъуыды кодта йæ фыды. Йæ мад ын загъта, зæгъ- гæ, иуха/гт, йæ бинонтæ тынг стонг уæвгæйæ, уый ацыд иу чысыл хæринаг ракурынмæ, фæлæ йын ницы рардæуыд. Уый сфæнд код- та радавын, фæлæ йæ æрцахстой æмæ йæ ахæстоны бакодтой, æмæ йæ уæдæй нырмæ нал федта. Цалынмæ йыл цъшпар азы нæ рацыд, уæдмæ Ричард нæ фип- пайдта, иннæтæй хицæн кæй кæны, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæн йæ царм уыди Томми Дриггсы кæнæ Джон Пеннер æмæ иннæ, стæм хатт кæимæ’ хъазыд, уыцы урс сывæллæтты цармæй æндæрхуызондæр. Иухатт Ричард ссардта йæ фæстаг къæхтыл лæууæг куыдзы хуызæн! чысыл дур. Сæрыстырæй равдыста уый йæ хæзна Томми Дриггсмæ. Томми уыди тынг хæлæггæнаг. Уый дур^авæрдта йæ дзыппы æмæ Ричардмæ мæстæймарæгау фелвæста йе ’взаг. Ри- чард йæ ныхмæ ныллæууыд, æмæ йын уый тыххæйДомми йæ дæндæгтæн иу радта. «Æнæхсад негр!» — загъта Томми. Ричар- ды къухтæ сæхи ’гъдауæй æрбатымбылтæ сты. æмæ дыууæ лæп- пуйы ’хсæн хыл бацайдагъ.
70 СОЛ ГРИН Æдылыдзинад, нæ? Чысыл сау лæппу бауæндыд, кæй нæма зыдта, уыцы æгъдауы ныхмæ тох кæнын! Ричард йæ мадимæ цы къæсы цард, уый æнæнхъæлæджы байдзаг ис урс адæмæй. Мистер Дриггс мæстæй цъæх арт уагъ- та, йæ фырты цæсты бын сау, афтæмæй йæ размæ куы басхуыста, уæд. Мисс Дриггсы риу фыр мæстæй æттæмæ-мидæмæ кодта.' Иæ лæппуйы йын ныццавта сау! Æвирхъау æмбисонд!.. Ричарды мад сæ разы фыр тæссæй зырзыр кодта. — Кæм ис дæ лæппын?—фæхъæр ыл кодта Дриггс. Ричарды æрбакодтой. Дриггс ын йæ гуыбын стъæпп ласта къахæй. Ричардæн , йæ дзых фæхæйиу, цыма дзы уæлдæф ахста, афтæ, стæй бадæгау æрхаудта скъуыдтæ зæхбыныл. Мæйы рухсæй æхсæв уыдис алæмæттаг. Уый уыдис диссаджы æхсæв. Мингай стъалытæ арвыл рæдзæмæдзæ кодтой. Уæлдæф æфсæст уыдис дидинджыты æмæ æртæхы тæфæй; бæлæстæ сæ сыфтæртæй сыбарсыбур кæнынц, фæлмæн дымгæ сын кæны батæ. Цыбыр ныхасæй, уыди^ уарзæтты æхсæв, сæнттæцæгъдæн æх- сæв... Ахæм æхсæвы Ричарды дзыназын хъуысгæ дæр нæ кодта... Къæс куы сафтид ис, уæд сау ус йæ фырты цур йæхи æруагъ- та, йæ къæхтæ йæ быны бакодта, йæ риумæ æрбалвæста Ричар- ды æмæ йын сабыр, уыцы иугъæдон хъæлæсæй зарын байдыдта. Томми Дриггс та уыцы рæстæджы сæхимæ йæ фыдæн æвдыс- та фæстаг къæхтыл лæууæг куыдзы хуызæн худæджы дур. Афтæ рæзы уый, лæппу Ричард, рæзы æппынæдзух стонгæй, хъуагæй, уæззау куыст кæнгæйæ, йæ алыварс адæм æм æнæуч- ноны цæстæй кæсгæйæ. Бакæсут ма, куыд арæхстджынæй æмбырд кæны уый бæмбæг^ куыд зилы уый та^акойы зæнгтæм, куыд хæссы барджитæ, сыгъ- дæг кæны тугæнæнтæ!.. Кæй зæгъын æй хъæуы, фидгæ йын кæ- нынц! Цагъайраг, мийаг, куы нæ у! Уымæн фидынц æртæ кæнæ цыппар, гъе та, чизоны, фондз доллары дæр алы куысты къуы- рийæн. Уыцы куыстæй йæ буар кæны тыхджын. Ричардыл сæххæст ис æвддæс азы. Æхсæз азы ма баззадио уымæн алцы æппæт базонынмæ æмæ царды æххæст курс фæуынмæ. Фæллад зынын байдыдта уымæн йæ цæсгомыл. Куыст ын бирæ ис, спирт чысыл, зæрдæрухсдзи- над та ноджыдæр къаддæр... Ричард æмæ Букер Джонсон уыдысты хæрз хæстæг хæлæрт- тæ. Букер дæр уыдис Ричардмæ гæсгæ. Уыдон иумæ фæлмæн кодтой зæхх, иумæ кодтой тезгъо, стæм хагт-иу нуазгæ дæр . акодтой иумæ. Букер архайдта, фабрикæйы мвдæг кусджыты сорганизаци кæныныл. Чизоны, мийаг, кæд йæ архайды фæстаг уыдаид за- бастовкæ, кусгæ боны фæцыбыр, кæнæ куысты мызды фæфыл-
КÆДНЕГР ДÆ... 71 дæр. Фабрикæйы хицæуттæ, йæй зæгъын æй хъæуы, йæ ныхмæ хъæддых ныллæууыдысты... Æмæ ныр мæнæ Букеры мард бæндæныл дзедзырой кæны. Бындзытæ йыл хъуыддагхуызæй зилдух кæнынц. Ричард баззади иунæгæй, æнæ йæ хæлар... Уый бауарзта. Уыцы рæвдауæн’ æнкъарæн^н йæ бон у алы адæймаджы буарц дæр бынат æркæнын, суанг сау адæймаджы буары дæр. Ричард кæны æфсæрмы. йæ уарзоны цур куыддæр æнахуыр Æгомыгау фесты. Ракæны йын чысыл æдылы лæвæрттæ. Кæны йын батæ, рæвдауы йæ. Ракуырдта йæ. Уый уыдис йæ райгуырды дыууын дыккæгæм азы. Уыцы хъуыддаг кæнгæйæ дзы нæ уыдйс нæдæр атласæй æм- бæрзт алтарь, нæдæр зынаргъ дарæсы фæлыст сауджын, нæдæр зарджыты къорд. Нæч йын уыдис чындзхасты балц æмæ хъæл дзæг бонтæ дæр уый фæстæ. Ричард бакодта Агнессæйы чиновникмæ, йæ разы йын кон- торкæйыл æрæвæрдта æхца цас æмбæлд, цæмæй уыцы хуыссæг- >:ъæл^зæг адæймагæй цал^дæр дзырды фехъусой, уый тыххæй, уыйбæрц, æмæ бацардысты иумæ. Тынг хорз бакодтай, зынаргъ Хуссар, уыцы дыууæ сабийæн амонды* зынаргъ сахат кæй радтай, уымæй! Фæлæ мах æгæр’ ахызтыстæм ^уварс. Ричард бауарзта, ус ракуырдта, чизоны, у амондджын дæр, Уый зонын нæ уыйбæрц æхсызгон, дæр нæ хъæуы. Негрæй хъуа- мæ макуы рох кæна, негр кæй у æмæ хуыцау Хуссары алы урс адæймаджы хуызы кæй ис, уый. Ды, Ричард, хъуамæ дæ сæр ныггуыбыр кæнай æмæ кæсай бынмæ дæхи амонды тыххæй... йæ аль^варс уыдис талынг, йæ хæдзары тæссонд асиныл куы схæрд кодта’, уæд. Ричард тынг бафæллад, фæлæ дуары рахæ цæнмæ куы бавнæлдта, уæд æхситтæй ныззарыд. Бахызт ми- дæмæ... Агнессæ хуыссы пъолыл, зына-нæзына улæфгæ. Йæ’уæлæ уы- дис аслам хъуымацæй къаба, уый уыдис скъуыд æмæ йæ уæлæ æртыхстис бинтæй тухæгау. Йæ дзых уыдис тугæй дзаг, кæйдæр уæзз^ау мустучъи йын ныппырх кодта йæ былтæ. ^ый кæуын .хæццæйæ райдыдта дзурын: — Бнлл Джонс... Æз уыдтæн иунæгæй:.. Уый æрбацыд.../загъ- та, дæумæ йæ кæй ис хъуыддаг... Мах хæцыдыстæм хъæбысæй... уый мæ^ныххоста... аскъуыдта мын мæ къаба... Ричард лæууы æдзынæгæй, Томми Дриггс æй куы ныццавта æмæ йын йæ дур куы байста, гъе уæд куыд лæууыдис, афтæ. Йæ цæстытæ уæрæх байгом сты æмæ йе ’фсæрты^цур чысыл нуæрттæ куы айтынг вæййынц, куы фæлæмæгъ вæййынц... Иæ цард-цæрæнбонты æрмæст ацы хатт фæлæууыд уыцы :хуызы афтæ дзæвгар. Йæ зæрдæ тугдадзинты тæры туг,йæ_нерв-
72 СОЛ ГРИН тæ ма дзуапп дæттынц йаа сæры магъзы сигналтæн, йæ рæуджы- тæ ма исынц сæхимæ уæлдæф. Фæлæ уыцы сахатæй фæстæмæ Ричард нал нымадта йæхи цæрдудыл. Рæвдаугæ узы уый йæ къайы. Æнарæхсгæ йын æрæхсадта йæ цæсгом, æрæвæрдта йæ сынтæджы. Уый аба кодта Агнессæйы ныхæн æмæ рацыд уатæй. Сындæггай фæцæуы Ричард, хæстæг æм цы хæдзар уыд, уы- мæ. йæхи ’гъдауæй байгом кодта дуар æмæ бацыд мидæмæ. Уый нæ хъусы музыкæйы тыхджын хъæр, йæ цæстытæ нæ уы- нынц сигарæты æмæ лулæты фæздЗ&г, афтæмæй бассæста астæу- мæ, кафгæ чи кодта, уыдоны ’хсæнты. Уый агуры кæйдæр. — Губер кæм ис? •; Ныфсхаст адæймаг у уыцы Губер! Уый алцæмæ дæр сразы уыдзæн. Афтæ зæгъынц, ливор дæр дары, зæгъгæ. . — Губер, мæн хъæуы ливор!.. — дзуры йæм Ричард. — Цы?! Цæмæн? —Мæн хъæуы ливор!—хъæддых хъæлæсы уаг тæрсын кæны æмæ) йæхимæ ’лвасы Губеры. Ричарды дзыпп ливорæй ракъуыпп æттæмæ. Ныр ’ Ричард раст у, уымæн æмæ йæм ис тых. Уый фæцæуы сындæггай уыи- джы. Урс адæм æрхъуыды кодтой Ричарды, уый сæ астæу’ куы фес- тад æрмæст, уæд. Уыдонæн нал фæци рæстæг, уый се ’хсæн кæй уыдис, уый тыххæй сæ маст равдисынæн, уымæн æмæ йын ауыд- той йæ къухы ливор. Сæ дзыхтæ хæлиуæй аззадысты дис æмæ тасæй, Ричард куы сдзырдта сæ иумæ, уæд. — Билл Джонс, ды æвзæр адæймаг дæ, æвзæр адæймаг, æв- зæр адæймаг... Джонс, ды дæ урс адæймаг. Уый дæ фыдæлтæ æрæнцадысты ацы райдзаст Хуссары. Дæуæн дæ цъар у урс. Ды дæ цæрæнбон- тæ арвыстай, афтæ цы закъон" амоны, йæ цъар æндæрхуызон кæ- мæн у, уыдон де ’мсæр не> сты зæгъгæ, уымæ гæсгæ. Дæумæ ис тых: ды дæ уыцы закъоны æвджид. Ныр, дæ разы цы сау адæй- маг лæууы, уымæн йæ къухты ис, дæуæн дæ цард аскъуыддзаг кæнын йæ бон кæмæн у, уый. Диссаг у, цæмæн ын батæ кæныс йæ къухтæн, Джонс? Цæ- уыл дзыназыс? Уæлдæф байдзаг ис хъæр, æмæ ахстæй. Фæзындысты поли- цæйæгтæ. Ричарды æрцахстой. Бæргæ ма тох кодта уый, фæлæ дзæгъæлы... Бафарстой йæ, систой йын йæ къухы æнгуылдзты фæдтæ/фæ- надтой йæ æмæ йæ ахæстоны баппæрстой. Хуссар тагъд кæны театрмæ. Ныртæккæ райдайдзæннс хъазт. Абон цыпьесæ æвæрд цæуы, уый ногнæу: уый рæстæгæй рæстæ?. мæ февдисынц адæмæн.
КÆДНЕГР ДÆ... 73 Ричард бæргæ йæхи ’гъдауæй цæуид, фæлæ уый кæнынц йæ фазыл ласгæ, нæмынц æй, афтæмæй. Æдылытæ, уыдон афтæ ’нхъæлынн, æмæ уый тæрсгæ кæны! Уый негр у æмæ хъуамæ амæла. Ричард уый зоны. Алидзын — у уымæн йæ фæстаг хъуыды. Фæлæ нæй, уыдон ыл хæцынц фидар! Æцæгæй уыцы хьуыды уымæн йæ фаэсонæрхæджы дæр нал ис: ахæм над ын фæкодтой. Æппын фæстаг, бæлас. Бæндæн баст у йæ тæккæ ставддæр цонгыл. Æривазут, æривазут!.. Бæласы цонг тасгæ дæр нæ кæны.... Сæдæгай урс хъæлæстæ сæ разыдзинад сæ хъæрæй æвдисынц. Хæрзбон, Ричард, дыууынæртæаздзыд негр!.. Хъеццау кæн, мæгуыр дæ бон, цалынмæ дын шериф дæ бæн- дæн нæ фæлыг кæна æмæ кæуыл райгуырдтæ, фæстæмæ кæмæ аздæхдзынæ, уыцы цъыфмæ не ’рхауай, уæдмæ. Раивта йæ Багаты Н.
74 ГÆЛУАТЫ АКИМ ПОЭТИКОН ТÆЛМАЦТЫ ТЫХХÆЙ Æфсымæрон уырыссаг адæмы хъæз дыг культурæйы æххуысæй рæ- зынц æмæ дидинæг æфтауынц ССР Цæдисы æппæт адæмты культурæтæ дæр. Уыцы культурон рæзты уавæр- ты тынг ахады æмæ ахъаззаг у уы- рыссаг классикты, стæй советон уы- рыссаг литературæйы хуыздæр уац- мыстæ иннæ æвзæгтæм ивыны хъуыд- даг. «Уырыссаг культурæ тынг баххуыс кодта ирон фыссынад, ирон алфавит саразыны, фыццаг ирон чингуытæ рауадзыны æмæ ирон скъолатæ бай- гом кæныны хъуыддаджы», — афтæ ■фыссы Хъулаты Хъуыбады йе статья: «Ирыстоны истори æвдисыны хъуыд- даджы иуæй-иу гуымиры рæдыдтыты тыххæй»—зæгъгæ, уым. Ирыстоны раззагдæр æхсæнадон архайджытæ суанг XIX æнусы стыр’ аргъ кодтой уырыссаг литературæ- йæн æмæ архайдтой ирон ад,2щ>\ уый хуыздæр уацмыстимæ базонгæ кæныныл. Ахæм хъуыдыимæ нудæ- сæм æнусы кæрон иу æнæбæрæг ирон поэт, æмæ æхсæнадон архайæг ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Алек- сандр Сергеевич Пушкины ахæм по- этикон уацмыстæ.- «Ахæст», «Лæсæн», «Кавказ», «Анчар». «Зымæгон изæр» æ. а. д.— æдæппæт аст æмдзæвгæйы. Æмдзæвгæтæн кæд сæ нывæфтыд æв- заг нæу Лушкины фидауцджын аив æвзаджы хуызæн ирон æвзагыл, уæд- дæр сæ хъуыды кæсæг Дзыллæтæм фæхæццæ кодта тæлмацгæнæг æмæ уымæй егъау хъуыддаг сарæзта. Ирон адæмы æхсарджын хъæ)бул Хетæгкаты Леуаны-фырт Къоста тынг бирæ уарзта раззагдæр уырыс- саг литературæ æмæ æппæт хъару- тæй архайдта уырыссаг адæ1ммæ, уый хъæздыг культурæмæ йæ адæмы æр- бахæстæг кæныныл. Къоста ахуыр кодта уырыссаг революцион-демо- кратты’ идеятыл, хъæздыг кодта йе сфазлдыстад уырыссаг дæсныдæр фысджыты цырен зондахастæй æмæ сын ирон æвзагмæ ивта суанг се ’мдзæвгæтæ дæр. Фæлæ Къостамæ мах иунæг тæлмацгонд поэтикон уац- мыс дæр не ссардзыстæм, уымæн æмæ уый уырыссаг фысджытæ Некрасов, Крылов æмæ Лушкины иуæй-иу уац- мысты хъуыдытæм гæсгæ цы æм- дзæвгæтæ ныффыста, уыдон æвза- джы хъæдæй уыйас фæлыст æрцы- дысты æмæ сын тæлмацгонд уацмыс- тæ схонæн нæй. Цытджын Октябры социалистон революцийы фæуæлахизы фæстæ, Ленин — Сталины националон поли- тикæйы фæрцы ирон адæмæн уæрæх фæндаг байгом уырыссаг æмæ иинæ æфсымæрон адæмты литературæйы хæзнадонтæм. Ныртæккæ Иры дзыл- лæ йæхæдæг куыд кæсы нæ Райгуы- рæн бæстæйы, дунейы прогрессивон- дæр фысджыты уацмыстæ, афтæ йын йæхи фысджыты уацмыстæ дæр кæ- кынц, уырыссаг æвза’джы’ руаджы, æфсымæрон адæмтæ. Сæххæст сты Максим Горькийы хъуыдытæ, кæцы Советон Цæдисы тæлмацгæнджыты куыстæн паддзаха-
ПОЭТИКОН ТÆЛМАЦТЫ ТЫХХÆЙ. 75 дон ахадындзинад дæтгæйæ дзырд- та афтæ: «Иттæг хорз уаид, нæ Цæ- дисы чи цæры, уыцы алы адæмы хаттæн дæр, йæ алкæцы уацмыс дæр, нæ Цæдисы æппæт æвзæгтæм ивд куы цæуид, уæд. Ахæм уавæры мах неппæт дæр тагъддæр сахуыр уаик- кам нæ кæрæдзийы на’цион культу- рæйы миниуджыты æмæ хицæндзи- нæдты æмбарын, уыцы æмбарындзи- над та, кæй зæгъын æй хъæуы, фæ- тагъддæр кæнид иумæйаг социалистон культурæйы сырæзт, кæцы æппæт адæмы хаттытæн сæ цæсгомы хъау- джыдзинæдтæ нæ сафгæйæ саразид иумæйаг, егъау, домбай, æппæт ду- нейы ноггæнæг социалистон культу- рæ». Ныры советон ирæттæ, раджы сæ фыдæлтæ «Кавказы цæрджытæн сæ тæккæ мæгуырдæртæ кæмæн уыды- сты», уыдон мадæлон æвзагыл кæ- сынц Марксизмы-Ленинизмы уацмыс- тæ, «Коммунистон партийы Мани- фест», <«ÆК(б)П-йы Историйы цыбыр курс», «Диалектикон æмæ историон материализмы тыххæй», стæй ноджы Сталины æндæр дзæвгар куыстытæ. Иттæг ахсджиаг цау у нæ литерату- рæйы Георгий Леонидзейы фыст эпопея «Сталины» фыццаг хай ирон æвзагыл мыхуырæй кæй рацыд, уый. Ирон адæм ирон æвзагыл кæсынц канд Пушкины æмæ Лермонтовы, Крыловы æмæ Некрасовы, Горькийы æмæ Маяковскийы, Тихоновы æмæ Твордовскийы поэтикон уацмыстæ нæ, фæлæ^ уырыссаг æвзагæй тæл- эдацгондæй" кæсынц Навой æмæ Ни- замийы, Ш. Руставелийы æмæ Та- рас Шевченкойы, Шогенцуковы æмæ Павло Тычинæйы, Джамбул Джаба- евы æмæ Сулейман Стальскийы, Шандон Петафи æмæ Назьгм .Хик- меты поэтикон уацмыстæ дæр. * Ирон советон артисттæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон теа- тры сценæйы ирон æвзагыл æсдзу- рын кодтой канд А. Н. Островскийы æмæ советон уырыссаг драматургты пьесæты геройты нæ. фæлæ Мольер æмæ Гольдонийы комедиты, стæй Шекспир æмæ Шиллеры трагедиты геройты дæр. Стыр уарзондзинадимæ бакуыстой Ирон советон фысджытæ гениалон уырыссаг фыссæг Александр Сер- геевич Пушкины уацмыстæ ирон æв- загмæ ратæлмац кæныныл. Пуш- кины уацмыстæ ирон’ æвзагыл мы- хуыргонд цыдысты хицæн чингуы- тæй, журналты æмæ газетты фæрс- тыл. Йæ иуæй-иу драмон уацмыстæ («Цигантæ» æмæ «Дурын уазæг») æвдыст цыдысты ирон драмон пад- дзахадон театры сценæйы. Уый аргъæуттæй ирон æвзагмæ ивд чи æрцыд, уыдон сты Иры сывæллæтты уарзон чингуытæ. Ныртæккæ Пуш- кины æхъаззагдæр прозаикон æмæ поэтикон уацмыстæ рацыдысты мы- хуырæй ирон æвзагыл. Уыцы ахсджиаг хъуыддагыл уæл- дай зæрдиагдæрæй бакуыстой Коцой- ты Арсен, Джанайты Иван (Нигер), Брытъиаты С, Плиты Грис, Арда- сенты Хадзыбатыр, Хъайтыхъты Геор, Мамсыраты Дæбе, Хозиты •Яков. Бирæ раивта Пушкины æмдзæвгæ- тæй, поэмæтæй ирон æвзагмæ поэт Плиты Грис. Грисы тæлмацгондæй «Кавказ», «Чаадаевмæ», «Цыртдзæ- вæн», «Сыбырмæ», «Æфсымæртæ эбырджытæ» æмæ «Цигантæ» кæсгæ- йæ адæймаджы зæрдæйы гуырынц тыхйжын æнкъарæнтæ, цæстытыл уайынц Пушкины сфæлдыстады ныв- тæ. Уый уымæн афтæ у,' æмæ, тæл- мацгæнæг йæхи зæрдæмæ арф байсы Пушкины уацмысты æнкъарæнтæ, сæ эмонионалон тых, йæхи зæрдæйы сног кæны поэты цырен хъуыды æмæ ’дзы фæхъæстæ кæны чиныг- кæсæджы зæрдæ, Пушкин йæ уац- мыстæ иронау куы фыстаид, уæд уый куыд фæхъæстæ кодтаид, афтæ. Грис арæхдæр тæлмац кæны, зæр- дæйы хъæд æмæ йæм сфæлдыстадон ахастмæ гæсгæ хæстæгдæр чи лæууы, уыцы поэтты • уацмыстæ. Уыимæ тæлмацы хъуыддагыл кусы раст хи сæрмагонд уацмыстыл кусæгау. Гъе уымæн сты æмхуызон æнаипп уый тæлмацгондæй Шекспиры трагедитæ дæр, Пушкины поэмæтæ дæр, стæй Лермонтовы, Хетæгкаты Къостайы æмæ Владимир Маяковскийы æм- дзæвгæтæ дæр. Ссæдз азæй фылдæр тæлмац кæны Пушкины поэтикон уацмыстæ ирон æвзагмæ поэт Хъайтыхъты Геор.
67 ГÆЛУАТЫ АКИМ 1929 азы Геор тæлмацкæнын рай- дыдта уырыссаг литературæйы æм- дзæвгæтæй фыст егъаудæр уацмыс- роман «Евгений Онегины». Уыцы иу рæстæг Геор тæлмац кодта Къоста- йы, Лермонтовы, Пушкины æмæ æндæр поэтты уацмыстæ. Ныртæк- кæ Геормæ мыхуырæввонг тæл- мацгондæй лæууынц Лермонтовы ахсджиагдæр поэтикон уацмыстæ. 1949 азы Хъайтыхъты Геор тæлмац- гонд фæцис Пушкины роман «Евге- пий Онегины». Роман тагъд мыхуы- рæй рацæудзæн æмæ дзæвгар фæ- хъæздыгдæр кæндзæнис ирон аива- дон литературæйы. Зæрдæмæ арф хизынц Ардасенты Хадзыбатыр ирон æвзагмæ кæй -ратæлмац кодта, уыцы уацмыстæ. Хадзыбатыр уыцы иухуызон арæхст- джын у хи сæрмагонд поэтикон уап- мыстæ фыссынмæ дæр æмæ тæлмац кæнынмæ дæр. Хи сæрмагонд уац- мыстæ фыссынæй фæстæмæ ма стыр куыст бакодтой уырыссаг æвзагæй иронмæ поэтикон уацмыстæ тæлмац- кæныныл Мамсыраты Дæбе, Епхиты Тæтæри, Дарчиты Дауыт æмæ æн- дæртæ. Æнæзæрдæхудт æмæ сфæлдыста- дон зæрдæ’ргъæвддзинадимæ тæлмац - кæны ирон æвзагмæ æфсымæрон адæмты поэтты æмдзæвгæтæ Плиты Харитон. Мыхуырæй рацыдысты уый тæлмацгондæй; Шевченкойы, Низа- мийы, Галактион Табидзейы, Иосиф Гришашвилийы, Георгий Леонидзейы къорд æмдзæвгæйы. Иосиф Виссарионы-фырт Сталины’ гениалон куыст «Марксизм æмæ æв- загзонынады фарстатæ» схъæздыг кодта æвзаджы ахуырады, нæ "?ли- тературæйы размæ æрæвæрдта но- джы ахъаззагдæр домæнтæ. Нæ фыс- джытæ, уыдонимæ тæлма-цгæнджытæ дæр, се сфæлдыстадон куысты пайда кæнынц Сталины зынаргъ амынддзи- нæдтæй. Газет «Правдæ» йæ редакцион статья «Литературæйы идеологион зыгьуыммæдзинæдты ныхмæ»,—зæгъ- гæ, уьгм (а. а. 2-æм июлы) лæм- бынæг равзæрста В. Сосюрæйы иде- йон æгъдауæй зианхæссæг æмдзæвгæ «Уарз Украинæйы», стæй ноджы сбæрæг кодта, æмдзæвгæ уырыссаг æвзагмæ чи раивга, æмæ авторы фыст йæхи ’рдыгонау чи рацарæзта, уыцы тæлмацгæнджытæ А. Прокофь- ев æмæ Н. Ушаковы æнæбæрнон- дзинад. Ахæм æнæбæрнондзинады ныхмæ, тæлмацкæныны хъуыддагмæ уæлæнгай цæстæй чи кæсы, уыдон ныхмæ тох кæнын хъæуы æнæмæнг, уымæн æмæ уыдон зиан хæссынц канд литературæйæн нæ, фæлæ адæ- мæн дæр. Ацы аз журнал «Мах Дуджы» æх- сæзæм чиныджы мыхуыргонд æрцыд Максим Горькийы фыст ,аргъау «Чызг æмæ мæлæт», ирон æвзагмæ Джусойты Нафийы тæлмацгондæй. 0 Тæлмацы автор ирон æвзагыл ар- гъауы æруагъта иуæй-иу рæдыдтæ. Уырыссагау аргъауы ис ахæм рæн- хъытæ: «И озлясь сживает смерть со света, Иногда не тех, кого бы надо». Ацы ахсджиаг дыууæ рæнхъы тæлмаигæнæг аппæрста ирон текс- тæй. / Цыппæрæм сæргонды Максим Горький Каины цæстытæ æвдисы мынæг хуызæй; «Глядя в небо тус- клыми глазами» Тæлмацгæнæджы бафæндыд, цæмæй Каинæн уыдаид цæхæр цæстытæ æмæ йын сæ фæ- рæвдздæр кодта. «Уый кæсы зынгхуыз цæстытæй арвмæ». Мæлæты къæхтыл Максим Горь- кийы аргъауы ис æрчъитæ (кæнæ къогъодзитæ) —«стоптанные лапти». Тæлмацгæнæг æрчъиты ^æсты Мæ- лæты къæхтыл скодта хæдбынтæ. Чысыл дæлдæр уырыссаг æвзагыл аргъауы ис ахæм рæнхъытæ: «Над горою в облаке румяном Возлежит господ, — читает книгу». Ирон æвзагыл ацы рæнхъытæ рауа- дысты тынг зын кæсæн, уымæн æмæ дзы æгæр ныххал сты кæрæдзийы фæстæ «Х»-тæ. Зæгъæм: «Хохы сæрмæ дари хуыз сырх мигътыл Сырх хуыцау хуыссы, фæрсы йæ чиныг». Уымæй уæлдай ма ам ис ахæм аипп æмæ ирон æвзаджы «Сырх хуыцау» нæ фæдзурынц. Аргъæутты кæыæ кувгæ-кувын зæрæдтæ фæдзурьшк
ПОЭТИКОН ТÆЛМАЦТЫ ТЫХХÆЙ. 77 «Сырх аларды, фæлæ ацы уацмысы «Сырх аларды» ницы хуызы ис зæ- гъæн, стæй Щзы, хъæугæ дæр нæ кæ- ны. Зæгъын хъуыди æрмæстдæр «хуыцау», уырыссагау дæр афтæ у. Алкæмæп дæр зын&гонд у мæлæт адæмон сфæлдыстады цæвæгджын нхсыд зæронд усы хуызæн нывгонд кæй цæуы, уый. Максим Горький дæр йæ фыст аргъауы мæлæты æв- дисы зæронд усы хуызы, цæвæг йæ къухты, афтæмæй. Тъе уый тыххæй зæгъы чызг дæр мæлæтмæ (удхæс- сæгмæ) дзургæйæ: «Острою косою не звени». Ома дæ цыргъ цæвæгæй ма зæлланг кæ». Тæлмацгæнæг та ацы хъуыды раивта афтæ, цыма мæлæт нæхæдæг зæлланг ’кæны цыргъ цæ- вæгау: «Ма ’хситт кæ, цыргъ цæ- вæгау, фæлæу уал!» Максим Горькийы ацы поэтикон, уацмысы тыххæй Иосиф Виссарионы фырт Сталин иу чиныджы аргъауæн йæхи уæлæ хи къухæй ныффыста афтæ: «Аиы уацмыс у Гетæйы «Фаустæй» тыхджындæр,— уарзонад фæуæлахиз ’мæлæтыл». Горькийы аргъауы чызджы тых уый мидæг ис æмæ уый бауарзта йæ уды йас æмæ мæлæты дæр ницæмæ дары, кæд зоны йæ адзал, уæддæр. Ирон æвзагмæ тæлмацгондæй ар- гъауы чызг æвдыст цæуы тæппуд æмæ тæригъæддагæй. Зæгъæм, чызг йæ^ уарзонимæ цы ран хицæн кæны, уый æвдисгæйæ тæлмацгæнæг заэгъы: «Чызг^ уæддæр кæны, мæгуыр (!) йæхи дзырд». Ацы ран оригиналы авотры дзырдтæ ирон æвзагмæ раст ивд(не ’рцыдысты. Максим Горьки- йæн йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыдис йæ фидар зæрдæджын, фыр- уарзтæй къæйных чызджы «мæгуыр» схоныи, æмæ йын уымæй æдыхдзи- над бахай кæнын. Стыр уайдзæфаг у Цæгат Ирысто- ны фысдлсыты хайадæн, абоны онг Хетæгкаты Къостайы уырыссагау фыст лоэ’гикон уацмыстæ ирон æв- загыл куыд æмбæлы, ахæм нывыл тæлмацгондæй мыхуыргонд кæй не ’рцыдысты, уыцы хъуыддаг. Рацыдис дæс азæй фылдæр, уыцы уацмыстæ ирон* æвзагыл хицæн чи- ныгæй мыхуыргонд куы ’рцыдысты, уæдæй нырмæ. Фылдæр уацмысты тæлмац уый бæрц лæмæгъ у æмæ ницы хуызы ис уыдонæн уырыссаг оригиналтимæ кæнæ Къостайы ирон æвзагыл фыст поэтикон уацмыстимæ абарæн. Чиныджы æмдзæвгæты дзæвгар хай тæлмацгонд у æнæрифмæтæй, кæнæ та куплеты хуылфы æрмæст- дæр иунæг къайон рифмæ. Зын æм- барæн поэтикон уацмыстæ ивгæйæ тæлмацгæнæг стæм хатт хъуыды æххæстæй равдисыны охыл фæпайда кæнькæнæрифмæ æмдзæвгæтæй. Фæ- лæ Къостайы уырыссаг æмдзæвгæты хъуыды, сæ формæ ирон тæлмацгæ- нæгæн сты æмбæрстгонд, ис сын рав- дисæн коммæгæс ирон æвзагыл. Уы- мæ гæсгæ ницавæр æфсон ис Къос- тайы уырыссаг æмдзæвгæты ирон æвзагмæ æнæрифмæтæй ивынæн. Чиныджы цы æ’мдзæвгæтæ ис, уы- донæй иуæй-иуты ^лæмæгъ тæлмацы фæрцы ис хъæндзинæдтæ æмæ суанг рæдыдтытæ дæр. Райсæм иу , цалдæр’ æвдисæйнаджы: Къостайы уырыссаг æмдзæвгæ «Памяти А .Н. Плещеева» тæлмац- гæнæг Хъайтыхъты Геор æсхуыдта «А. Н. Плешеевæн», растдæр та уы- даид «А. Н. Плещеевы мысынæн». ^Емдзæвгæ иронау райдайы ахæм рæнхъытæй: Йæ рустæм бавнæлдта, йæ уадултæм мæлæтæн Йæ фæлурс къух, йæ умæл уазал къух». Ам афтæ зыны ’цыма йæ уадултæм мæлæтæн кæйдæр фæлурс къух бав- нæлдта, мæлæт йæхæдæг нæ фæлæ. Къостамæ та уырыссаг æвзагыл ■,бæлвырд у мæлæт кæй бавнæлдта ■ Плещеевы уадулмæ (йæ уазал к/ъух ыл кæй аныдзæвдис), уый. «Его ланит рукой безжизненной и влажной Коснулась смерть и вмиг засты-. ли все черты». Къостайы иннæ æмдзæвгæ, «Памяти А. Н. Островского» уырыссагау фæ- вæййы афтæ: «Пусть умер он для новых вдохновений, Для новых дум, печалей и труда, Ведь не умрет его великий гений В его родном иароде никогда*.
78 ГÆЛУАТЫ АКИМ Ирон æвзагыл тæлмацгæнæг Дарчи- ты Дауыт ацы куплет афтæ раивта æмæ у тынг зын бамбарæн. Зæгъæм: «Уадз амард уый æсгуыхтыты æсгуыхтæн Нæуæг хъуыды куыстæн... Нæ хъæуы ’нкъард; Нæ уыдзæн мард! Йæ адæмы зæрдæйы Æдзух цæрдзæн йæ гений мæ йæ цард». Куыд ис бамбарæн ацы ран ахæм ныхæстæн: «æсгуыхтыты æсгуыхтæн нæуæг хъуыды куыстæн», æрхæнæн нысантæ æмæ дзы кæрæдзийыл’ бастдзпнад дæр куы нæ ис, уæд. Дзырдтæ: «Нæ хъæуы ’нкъард, нæ уыдзæн мард», зæгъгæ, уыдрн та бынтон уæлдай сты ацы ран. Стæй «Цæрдзæн йæ цард» дæр нæ фæ- дзурынц. Быиы бынтон æбæрнондзинад рав- дыста Дарчиты Дауыт ирон æвзагмæ Къостайы уырыссаг æмдзæвгæ «Джуктур» («Дзæбидыр») тæлмац- гæнгæйæ. Æмдзæвгæйы ис ахæм рæнхъ уырыссагау: «В дымке Кав- каз утопает». Ацы рæнхъ Дауыт йæ- хирдыгонау фендæрхуызон кодта æмæ дзы рауадис: «Кавказ дæр ныгъуылы йæ къæхты бын миты» (!). Кæнæ цавæр ныв ауайа хъуамæ чиныгкæсæджы цæс- тытыл мæнæ ахæм хъуыдыйад ба- кæсгæйæ: «Уый халас æвæрдæй изæрмилты рухсæц налхъуытау æрт- тивы ’мæ дардмæ кæсы». Ацы æмдзæвгæйы Къоста æхсæвы кой никуы кæны, фæлæ тæлмацгæ- нæг Къостайы хи. ’вастæй æмдзæв^- гæйы бафтыдта æнæхъæн хъуыды- йад—«Æрталынг»... зæгъгæ, æмæ æрыгон сырдæн сæхгæдта йæ цæст- æнгас. Афтæмæй’та Къостайы сы- чъи фæлгæсгæ кæны æмæ уыны диссаджы нывтæ.* «И луг зеленеет, и серна младая Задумчиво смотрит в туманную даль... И смутно на эту картину взривая Познал он впервые любовь и печаль»..: Ацы куплет дæр ныххылымылытæ кодта тæлмацгæнæг, фехæлдта йын йæ нывтæ конд дæр æмæ нæ хъуыды дæр. Æрхæссæм æй æнæхъæнæй тæлмацгондæй: «Фæцъæх и уыгæрдæн... Сычъи дæр бæрзондæн Ыскодта цъæх мигътæм (!) йæ хъуыдыджын каст: Æмæ дыл (!) цъæх мигътæн (!) уый се ’вæрд, сæ кондæй Фыццаг хатт фæфиппайдта уарзонад, маст»: Зын нæу, ацы дыууæ куплеты кæ- рæдзиуыл абаргæйæ се’ ’хсæн цæй- бæрц хицæндзинæдтæ ис, уый раир- тасын. Къостайы иннæ æмдзæвгæ «Æв- зонгау, æвзыгъдæй...» зæгъгæ, уым дæр Дарчиты Дауыты тæлмацы ис ахæм рæнхъытæ: «Уæ баууæнд, дæ цинад æфхæрæн ныхасæй Дæ уарзты нæ цæвын æз дæр». «Ам цъыкк, ум цъыкк авд æфцæгыл агæпп ласта». Ацы уыци-уыцийæ уæл- дай иицы бамбарæн ис Дауыты дыу- уæ рæнхъæй дæр. Ахæм æнæмбæрст æмæ лæмæгъ бы- нæттæ ис канд ацы тæлмæцты нæ, фæлæ Къостайы уырыссаг поэтикон уацмыстæй Гулуты Андрей, Арда- сенты Хадзыбатыр æмæ Мамсыраты Дæбе кæй раивтой, уыдоны даэр ирон æвзагыл. Къостайы æмдзæвгæ «Не верю я» —зæгъгæ, уым уырыссагау ис ахæм рæнхъытæ: «Нет, все не то! Гармония полночи Не терпит их... Увы, не любишь ты»... Ацы дыууæ рæнхъы Мамсыраты Дæбе ратæлмац кодта афтæ; «Нæу, уый дæр нæу... Æввахс ♦ дæр сæ уадзы. Æхсæвы уаг... Фæлаа, нæ1 уарзыс ды!» Ацы ран тæлмацгæнæг «æввахсдæр сæ уадзы», зæгъгæ цæмæн зæгъы, кæд Къостамæ æввахс дæр нæ уа- дзы» (не терпит их) у, уæд. Стæй мæнæ ахæм дзырд «фæлæ нæ уарзыс ды» кæцæй февзæрд, уый нæ рабæ- рæг. Къоста та комкоммæ æргом зæгъы, ома æхсæвы уагимæнæ иу кæнынц (хъæлдзæг бахудт, цæстыты ’нгас)... «уымæн æмæ (кæнæ «æвæм;- цæгæн») нæ уарзыс ды»...
ПОЭТИКОН ТÆЛМАЦТЫ ТЫХХÆЙ. 79 Къостайы иннæ æмдзæвгæйы «За- вещание» (Фæдзæхст») уырыссагау ис ахæм дзырдтæ: «Нам надо расстаться» Ирон æвза- гыл Ардасенты Хадзыбатыры тæл- мацгондæй та рауадис ифтæ: «фæхи- цæт/ нæ хъæуы». Ал, æрæциæгæн тæл- л.ацгæнæг йæхи шаæ.э цаьд æгæрдгл фæстаг уæнгыл «хъæуы» æмæ уæд, кæй зæгьын æй хъæуы, хуыды раст рауадаид. Фæлæ æмдзæвгæйы ритми- кæмæ гæсгæ та цавд æмбæлы иу уæнг раздæр «хъæуы» æмæ уымæ гæсгæ хъуыды бынтондæр ивд æрцы- дис æмæ дзы рауад: «расстаться не надо». Кæпæ чысыл дæлдæр ацы æмдзæв- гæйы тæлмацгæнæгмæ ис ахæм дзырдтæ: «Æдыхдзинад тох у». Ацы ран дæр, Къостайы æмдзæвгæ- йы цы хъуыды æвæрд ис^сБессилье ли злое»—зæгъгæ, уый фендæрхуы- зон ис ирон æвзагыл. Тæлмацты ахæм хъуагдзинæдты тыххæй арæх фехалынц æгас æм- дзæвгæйы арæзт æмæ хъуыды дæр. Ахæм хъуагдзинæдтæ бирæ ис Къос- тайы уырыссаг поэтикон уацмысты ирон æвзагмæ тæлмацгондæй. Къостайы уырыссаг поэтикон уац- ;иыстæ нырма рæстмæ тæлмацгонд ие’рцыдысты ирон æвзагмæ. Уымæ гæсгæ Цæгат Йрыстоны фысджыты хайады ахсджиагдæр хæстæй иу у хæетæгдæр азты Къос- тайы уырыссаг поэтикон уацмыстæ прон æвзагыл дзæбæх, аив тæлмац- гондæй мыхуырæй рауадзын. Аивадон тæлмац у стыр паддза- хадон хъуыддаг, уый ахадындзинад адæмты коммунистон зондахастыл хъомылкæнындзиыады у егъау æмæ афтæ бакæнын хæуы, цæмæй тæл- мацгæнæг (уæлдайдæр ныртæккæ) æххæст кæна, ÆК(б)П-йы Центрон комитет идеологион ^арстаты тых- хæй йæ историон уынаффæты цы ахъаззаг домæнтæ сæвæрдта советон фысджыты размæ, уыдоны. Уæлдæр куыд загътам, афтæ, Г. Лео- нидзейы фыст эпопея «Сталины» фыццаг хай—ирон æвзагыл мыхуы- рæй кæй рацыд, уый у ахъаззаг хъуыддаг нæ литературæйы. Ацы тæлмацы дыккаг рауагъ’ды мыхуыр- мæ цæттæгæнгæйæ тæлмац фæаив- дæр кæныныл бирæ бакуыста Плиты Харитон æмæ йæ дзæвгар фæхуыз- дæр кодта, фæлæ ма дзы уæддæр ис аивадон æгъдауæй иуæй-иу лæмæгъ бынæттæ. Райсæм иу-дыууæ æвди- сæйнаджы. Зæгъæм уацмысы ирон тæлмацы ис ахæм бынат: «Нæ рагон фидар, бæрзæйсаст уæвгæ (!) кæсы бæрзондæй». Иугæр бæрзæйсаст чи фæвæййы, уый кæсынтыл нал вæй- йы. Стæй мæсыгæй «бæрзæйсаст фæцис»,—зæгъгæ, афтæ дзурæн дæр нæй. Иронау бæрзæйсаст» фæдзу- рынц æрмæст фосæй, кæнæ фыдгу- лæй. Уацмысы иннæ ран ис ахæм рæнхъ; «Састой адæмтæ их сæ зæрдæтæй!» Афтæ дæр нæ фæдзурынц иронау, стæй уырыссагау дæр æмæ гуыр- дзиагау дæр ацы рæнхъ афтæ нæу. Зæгъын хъуыдис: «Их тадис адæ- мæн сæ зæрдæты зынгæй (артæй)', афтæ растдæр æмæ æмбæрстгонддæр у, уый æввахсдæр лæууы оригинал- мæ дæр. Кæнæ райсæм ахæм рæнхъ: «Спырх кодтой уалдзæджы алфæн Зымæгон галуан». «Спырх кодтой фæдзурынц хуртуанæй кæнæ донæй,- —дон къулыл æспырх кодтой, хур- туан уæлдæфы дымгæмæ спырх код- той. Фæлæ оригиналы куыд у йæ хъуыды: «Дворец царей они взрыва- ли»—зæгъгæ, афтæмæй «спырх» раст нæу. Зæтъын хъуыди: «Æсрæмыгъ- той» кæнæ «бомбæтæй фехæлдтой». Гулуты Андрей Семены фырт арæхсгæ тæлмац кæны канд уырыс- саг æвзагæй иронмæ нæ,, фæлæ ирон æвзагæй уырыссагмæ дæр. Уы- мæн йæ бирæ тæлмацтае зындгонд сты кæсæг дзыллæтæн. Не ’рыгон фæлтæры Андрей Семены фырт фæ- цахуыр кодта канд хи уацмыстæ* фыссыныл нæ, фæлæ тæлмац кæны- ныл дæр. Уый у ныртæккæйы фыс- джытæн сæ тæккæ рагондæр. Фæлæ уый тæлмацты дæр вæййы лæмæггь стæй æнæмбæрст бынæттæ. Ацы аз мыхуырæй рацыд Ан- дрей Семены фырты поэтикон уац- мысты æмбырдгонд. Уыцы ран мы- хуыргонд æрцыдысты йæ иуæй-иу тæлмацтæ, уыдонимæ Къостайæ
80 ГÆЛУАТЫ АКИА1 ирон æвзагмæ цы æхсæз уырыссаг æмдзæвгæйы ратæлмац кодта, уыдон дæр: Уыцы тæлмацтæ мыхуыргонд фыццаг хатт нæ цæуынц æмæ уымæ гæсгæ иуæй-иу æмдзæвгæты цы дыз- гъуын бынæттæ уыдис, уыдоы хъуа- мæ автор ахсæстаид æмæ сæ ба- фæрстытæ кодтаид. Фæлæ автор ууыл зæрдиагæй нæ бакуыста. Зæ- тъæм, Къостайæ цы æмдзæвгæтæ ра- тæлмац кодта, уым ис ахæм лæмæгъ рæнхъытæ: «Æз уарзын мæ уарзтæй мæ фæндыр». «Дæ сабыр каст, сæнттæй дзаг рухс, æргом цæстытæ». Æмбийы ныр быдыры æнцады». «Уырнындзинад уарзтыл нæ дæтты нæ дуг». æмæ æнд. ах Ис дзы æмбæрстгонд чи нæ у, кæнæ хъуыды æххæстæй чи не ’вдисы, ахæм рæттæ, фæлæ уыдæттыл нæй рæстæг ныртæккæ дзурынæн. Ацы уацмысты æмбырдгонды мы- хуыргонд æрцыдис А. Сурковы зындгонд «Бæхджынты зарæг»— дæр. Райсæм уымæй ироы æвзагыл. ■æрмæст иунæг куплет: «Мах æнтæф æмæ рыджы Уæд Буденныйæн йемæ Хастам сгуыхтмæ пæ иысан на уад Уым гуыбыррагъ обæуттыл, Уым цæугæ дæттыл уайгæ Айхъуыст дардмæ нæ- койæн ш кад» Фыццаджы дæр— «Хастам Буден ныйæн йемæ» хъуыды афтæ здахь æмæ цыма не «С Буденным ходшн на болыние дела», фæлæ йын йема хастам цыдæр. Дарддæр «Нæ нысан иæ уад хастам», зæгъгæ нæ фæдзу рынц. Стæй «Айхъуыст дардмæ на койæн йæ кад» зæгъгæ, афтæ зæгъæи дæр нæй, уымæн æмæ кой ай хъуысы, кæнæ кад айхъуысы, уьп йеттæмæ койы кад куыд хъуамæ ай хъуыса. Ирыстоны фысджытæн бирæ бан тыст уырыссаг æвзагæй ирон æвзаг мæ поэтикон уацмыстæ тæлмацкæны- ны хъуыддаджы. Фæлæ уыцы тæл ’ мацтæм нæ _критиктæ бæстон нæм? æркастысты æмæ сын аггаг аргъ иæма скодтой. Лæмæгъ кусы Цæга^ Ирыстоны фысдл^ыты цæдисы тæл мацгæнджыты секци дæр тæлмац гæнджытимæ.
СРАСТКÆНИ’НÆГТÆ Журнал вМах Дуджы" ацы номыры аирвæзтис Берозты Аслæнбеджы радзырд „Раст фæндагыл", зæгъгæ, уым цал- дæр рæдыды, 57-м фарсы уæле бынмæ нымайгæйæ дæсæм рæнхъ у уæл- дай. 61-м фарсы дыккаг æмæ æртыккаг рæнхъытæ кæсын хъæуы 60-м фарсы бынæй фæстаг рæнхъы сæрмæ. Уыцы фарсæй иннæмæ хаст дзырд та у „гæсгæ". Редакци.