Text
                    КЪОСТА. Хъыггæнæг зæд.
1-аг фарсыл. Хетæгкаты Къоста.


МЩщ Г 1 10'89 Сæйраг редактор ХЪОДЗАТЫ Æхсар Редколлеги АГЪНАТЫ Гæстæн (сæйраг редакторы хæдивæг) ÆГЪУЫЗАРТЫ Æхсарбег ДЖЫХКАЙТЫ Шамил КОКАЙТЫ Тотрадз (бæрнон секретарь) ГЕМЫРАТЫ Давид КОДЫ Камал ХУЫГАТЫ Сергей ЦЫРЫХАТЫ Михаил Корректор 3. 3. Карацева ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ФЫСДЖЫТЫ Ц7ЕДИСЫ АИВ-ЯЙТЕРАТУРОН ÆМÆ ÆХСÆНАДОН- ПОЛИТИКОН ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ НАША ЭПОХА ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ ЛИТЕРАТУРНО-ХУДОЖЕСТВЕННЫЙ И ОБЩЕСТВЕННО-ПОЛИТИЧЕСКИЙ ЖУРНАЛ СОЮЗА ПИСАТЕЛЕЙ СЕЗЕРНОЙ ОСЕТИИ Тех. редактор’А. В. Ядыкина Журнал цæуын райдыдта 1934 азы майы "дано в набор 04 08 89. Подписано к пе- Г’гати 29.09 89. ЕИ 01266. Формат бумаги 30х901/16. Бум. тип. № 3 Гарн. шрифта исурнальная рубленая. Печать высокая. Усл. п. л. 8 Усл. кр -отт. 8,37. Учетно- *зд. листов 7,92 Тираж 6400 экз. Заказ '■& 356. Цена 45 коп. Адрес редакции: 362040, г. Орджоникидзе, пр. Мира, 25. Телефоны: 3-69-66; 3-69-62; 3-31-58; 3-31-24. Книжная типография Государственного комитета Северо-Осетинской АССР по делам издательств, полиграфии и книж- ной торговли, 362011, г. Орджоникидзе, ул. Тельмана, 16.
НОМЫРЫ ИС: ДÆ КАД МЫГГАГМÆ У ЦÆРИНАГ Нигер. Цымæ цы дзуры уый ныхасы зæронд лæг? Æмдзæвгæ 4 Байаты Гаппо. Хетæгкаты Къоста 5 Цæголты Георги. Хетæгкаты Къостайы ингæны уæлхъус. Æмдзæвгæ 11 Зæнджиаты Бæбу. Куыд базонгæ дæн Къостаимæ . 12 Дзаболаты Хазби. Ир. Æмдзæвгæ 14 Къосирати Сæрмæт. Хетæгкаты Къоста .... 15 Къадзаты Станислав. Къостайы номыл. Æмдзæвгæ . . 30 Мариэттæ Шагинян. Хетæгкаты Къоста—публицист . 31 Джыккайты Шамил. Фембæлд Къостаимæ. Æмдзæвгæ . 39 Эва Малиевова. Айнæг къæдзæхты дзуапп . . 41 Хæдарцаты Азæ. Ныхасæппарæн. . .45,53 Кокайты Тотрадз. Поэты монолог. Триптих 4& Иван Филоненко. Къатыбоны хъуыдытæ 50 Хетæгкаты Нафирæт. Хайыры хъарæг Къостайыл ... 54 Ногъаты Тебо. Куыд арæзт æрцыди Къостайы зарæг . . 56 Ян Майерник. Æмдзæвгæтæ 59 Иван Иванов. Аннæ. Æмдзæвгæ 62 Гусалты Барис. Фаллаг, бæрзонд был. Уацау 84 Хостыхъоты Зинæ. Царды сагъæстæ. Æмдзæвгæтæ . 117 Иры Ныхас — рухс кувæндон . . . .123 © Мах дуг № Ю, 1989
ДÆ КАД МЫГГАГМÆ У ЦÆРИНАГ Ме’ фсымæртæ, кæрæдзи уарзгæ цæрут! Къоста
Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин, Арвмæ куы хъуысид мæ фæндыгы хъазт,— Дунеты се ’ппæт мæхимæ æрхонин, Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст. Къоста НИГЕР ### Цымæ цы дзуры уый ныхасы зæронд лæг? Цымæ кæй кой кæны кæстæртæн, лæнпутæн? Цымæ кæй хъарæг хъуыст мæрдадзы адæмыл? Цымæ кæй зарджытæ зарынц уый фыййæуттæ? Цымæ кæй ныхæстæ фæзмынц уый сабитæ? Цымæ кæй сагъæстæ мысынц нæ чызджытæ? — Ау, æмæ нал зоныс Хетæджы Къостайы?!. Уадæмдых, цæхæрцæст, къуылыхкъах Къостайы?Г Бавдæл ды, бафæрс хох, комæн йæ уддзæфы,— Уый дын фæдзурдзæни, чи уыди нæртон гуырд. Дидинæджы хъусы осар ды сæууон æртах,— Уый дын йæ сурæт дæ цæсты раз авæрдзæн. Науæд, цæй, сæфтау мæ зæрдæ цыргъ хъамайæ,— Разындзæн, баууæнд, Орфей уым æнæмæнгæй!.. 1923 4
Зæрдæйы сагъæс иу улæфтæй дæр бæрæг у, Къоста ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТА Йæ цард æмæ йæ хъуыддæгтæ* Кæй кой кæнынц, уый н’ амарди. Йæ рагуалдзæг 1863—1871 азмæ 1863 азы нæ диссаг райгуырæн Ирыстоны хохбæсты астæу, зæронд Нары хъæуы номджын æхсæны лæгæн Хетæгкаты Леуанæн райгуырди лæппу. Нары хистæртæ йыл сæвæрдтой ном — Къоста. Дыууæаздзыдæй йæ мад — уыди Гуыбатæй — амарди. Сæ хæстæг ус Хетæгкаты Чендзе райста сидзæры хæс- сынмæ... Сызгъæрин зæрдæ уыди уыцы усæн... Ирон мады ад ын фенын кодта. Йæ дзидзи нæ ласта Мæ дзыхæй мæгуыр!.. зæгъы йæхæдæг Къоста — (Чи дæ?). Леуан æрхаста дыккаг ус, уымæй йын райгуырди чызг Олга. Фондзаздзыдæй Къостайы йæ хæдзармæ æрбакодтой; ирон хæдзары — «цу-ма, цу-ма»— куыстытыл æй сифтыгътой... фылдæр уæлыгæс цыди. Иттæг рæсугъд сæ мысы уыцы бонты цард йæ диссаг зарджыты — «Хъуыбады»,— «Чи дæ?»,— «Сидзæргæс»,— «Æнæ фыййау» æмæ æндæртьь Иу хъуыддаг у хъуыдыйаг — саби уæлыгæс сси раздзог хорз фыййау, йæ- фарны хъæрæй мæгуыр ирон адæмы чи ракодта рухс фæндагмæ. Ахуырады азтæ 1871—1883 азмæ 1870 азы Къостайы радтой Нары скъоламæ. Ахуыргæнæг уыди йæ ма- дыфсымæр Гуыбаты Иоане. * Авторы текстмæ æвнæлд не ’рцыд. (Ред.). 5
Леуан паддзахы куысты уыди,—Иры хохы мил’ицæйы хицау —афи- цер,— фылдæр царди Дзæуджыхъæуы. 1872 азы Къостайы радта уымы реал скъоламæ. Уыцы азы Псызы, Кубаны фурды былыл, æрцæрын кодта хох ирæй стыр хъæуы Лабæ — Георгиевское-Осетинское. Иæхæдæг дæр уырдæм бино- ныгæп алыгъди,— хорз бындуртæ сарæзта. 1873 азы Къостайы .Стъараполы гимназмæ радта, уым хъæбæр хорз арæзт уыди ахуырады хъуыддаг. Хох адæмты лæппутæ иттæг рæвдыд уы- дысты. Нарон уæлыгæсæн йæ зæрдæ сыстæлфыди ног царды зынгæй, зондады уидæгтæ рæмудзын байдыдта бындзарæй... Уарзон рæузæрдæйæн бирæ æн- тысы,— зыдта тигъ митæ, фыдуаг ныхас,— уайтагъд чысыл æмбæлттæн бал- хок сси алы хорз хъæлдзæгадмæ; рæвдзныхасæй таурæгътæ, стихтæ æмæ зарджытæ фыссын хорз райдыдта уырыссагау; æмбисонд нывдæсныйады сгуыхтад æвдисын... Сцъил æй кодтой ахуыргæнджытæ Петербурджы Ныв- дæсныйады Академмæ бахизын. 1879 азы фæци каст гимназы. Стыр ном, ирд суадонæй сыгъдæгдæр цæсгом пæ Ирæн уым скодта. Бæллиндаг ып уыдысты йæ цæргæ-цæрæнбонты уыцы азтæ!.. Зæронд Леуан æй æрвыста паддзахы куысты, фæлæ Къоста коммæ нæ бакаст, араст и хæрз мæгуырæй Петербургмæ. Æртæ азы уым стыр уынгæ- джы фæтухи кодта. Æцæг, федта хæстæг стыр тохы цард. Дæрддыл афæл- гæста йæ сæрызондæй. Æрдæгкастæй рацыди уыцы Академæй 1883 азы. Иры. Дзæуджыхъæуы 1884—1891 азмæ Лабæмæ, йæ уарзон фыды хæдзармæ ссыди, æппæтдæр æм уым дæрд- даг уыдысты,— уазал зæрдæ дардтой... Æнцойаг не ссардта уым... Куыд байраг дугъон фыццаг фæдисы раз йæ рохтæ тоны æмæ хæры, афтæ йæ æфсæн риуы йæ ирон зæрдæ агурын байдыдта йæ ныййарджыты — зæронд Ирыстоны. Фæхæссон ма,— загътон уæддæр,— Фæстæмæ мæ иунæджы сæр. Нæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм!.. («Р а к æ с »). Номдзыд рæстæджы ссыд нæ Ирмæ. Ир биноньтгæй æрфидар кодтой сæ- хиуыл буц-хъæздыг быдыр, сарæзтой рæсугъд хъæутæ, куысты æмæ ахуыра- ды фæндагыл æмгуыппæгæй рацæйцыдысты... Куыд хистæртæ, афтæ лæппу адæм иттæг бауарзтой Къостайы... Уырысы ахуыргонд адæмы астæу уайтагъд хорз лымæнтæ скодта. Къоста алы æхсæны хъуыддаджы тыхджын куыста. Мамæлайы комдзаг ардта нывтæ фыссынæй... Алкæй хæдзар уыди йæ хæдзар. Сæрды царди хъæуты, хохбæстьт. Уыцы заманы кæуæгау фæфыста йæ номдзыд ирон зар- джытæ; æнхъæл, мæгуыр, нæ уыди, искуы уыдон чиныггондæй фендзæн, уый,— уымæн æмæ ирæй ирон чиныджы кой ничи кодта уыцы рæстæджы... Иæ зарджытæ къухфыстæй адæммæ фæцыдысты, сæ куыст кæнын рай- дыдтой!.. Арвы нæрынау айхъуыст æгас Иры — Мæздæгæй Гудзаретмæ,— уыцы рæстæджы йæ тохы зарæг!.. 6
Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ, Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау!.. («Додой») Удынцой ма фена, махæн нæ царды фæнд Чи халы барæмвæндæй!.. Уæ, мæ ныййарæг, æвзаргæ тын ма нывæнд — Цухъатæ дарæн мын нæй!.. («С а л д а т») Ардыдта фæсивæды ирон æвзагыл кусын, фыссын иронау, æмбырд кæ- нын зæронд дзырдтæ, рагон ныхæстæ, таурæгътæ, Нарты кадджытæ æмæ ирон зарджытæ... Иæ мæгуырхуыз кæразкъуым уыди нæ фыццаг æцæг ирон скъола!.. Уыцы заманы й’ амондæн ссардта иттæг рæдау фысымтæ, мад-фыды æх- хуыс æмæ рæвдыд ын чи фæкодта йæ царды бонты. Уыдон уыдысты — хорз* ирон зæрдæйы хицæуттæ — сауджын Цæлыккаты Алыксандр æмæ йæ чызджы- тæ — ахуыргæнджытæ, хъæдгæс Санаты Ибрагим, йæ ус Фуза,— Уырысæй судылæг Владислав Шредерс, йæ ус Варвара Гр. Шредерс. Æнæ Къостайы иу стыр æмбырд, куывд, цины хъазт нæ аивгъуыдтой ир- мæ дæр, уырысмæ дæр. Æрбаиу кодта дыууæ адæмы. Номдзыд поэты Лермонтовы цырты куывды Гуымы-Хъæрмæдоны 16 ав- густы 1889 азы иттæг рæсугъдæй бавдыста Иры. Рæбынæй бадæг æй скодтой, æгас Уæрæсейæ чи æрцыд, уыцы фыссæг адæм, зондады дæснытæ æмæ хи- цæуттæ. Цырты раз бакаст джихрæсугъд рухсаджы кадæг — «Перед памят- ником Лермонтова» («Лермонтовы цырты раз»). — «Ирон цъæх цухъа нæ амбылдта!»— дзырдтой уырыс. Чызджыты скъолайы хъуыддаг 1890 азы Калакæй чырыстон дины хицæуттæй дзырд æрцыд: æрыхгæнут Дзæуджыхъæуы Иры чызджыты скъолайы... Фæсхохæмæ йæ хæссинаг уыды- сты. Ацы хæрам хъуыддаджы Калачы хицæуттæн иттæг æххуыс кодта Терчы бæсты ног хицау инæлар Каханов. Гæды тæрхæттæ ирон хъæутæй сайдта, скъола, дам, нæ нал хъæуы. Стыр тохы бацыдысты Иры хуыздæр лæгтæ. Хицæутты раз дзурæг æмæ хъасты ныффыссæг уыди Къоста. Хъæбæр фыст хъаст Сииодмæ балæвæрд- той. Хорз дзуапп ссыди: «Скъола йæ бынаты ирæн хъуамæ баззайа»... Иры цинæн кæрон нæ уыди. Инæлар Каханов ахæм чыхкъуырд йæ сæрмæ не ’рхаста. Хъаст чи балæ- вæрдта, уыдон алы æгъдауæй бафхæрдта, Къостайы та Терчы бæстæй, куыд. фыдуаг ардауæджы, бæсты змæнтæджы — рарвыста. Уыцы æбуалгъ ты\- мийыл. Къоста балæвæрдта хъаст Сенатмæ. Къорд мæйтæ ацарди йæ фыды хæдзары Лабæйы, стæй- Стъараполы æр- цард, æнхъæлмæ касти Сенаты дзуапмæ. 1892 азы зæронд Леуан амарди. Хæрзсидзæрæй баззад... Стъарапол 1892—1896 азмæ Бæлвырдæй ацы азтæ уыдысты стыр хъазуаты заман Къостайы царды... Йæ зæхх ба-фстау радта; «Северный Кавказ» — газеты æмбис хай ралхæдта æмæ бирæ азты Кавказы хицæуттимæ адæмы сæрыл кард æмæ уартæй фæ- 7
тох кодта; æгас Уæрæсейыл чи адам, ахæм фидисы зарджытæ, ныхкъуырæн ныхæстæ рауагъта. Къостайы фæстæ нырмæ Иры къухы иу уырыссаг газет нæ уыди. Ахæм газет адæмæн сæ сæрылхæцæг æмæ сын фæндаг айгæрдæг уыдаид... Сенаты тæрхон 23 ноябры 1895 азы Сенат тæрхон рахаста: ирон лæджы Хетæгкаты Къо- Стайы хъаст расг у,—уæгъдибар фæндаг ын ис йæ бæстæм: инæлар Каханов ацы нæфæтчиаг æфхæрдыл хъуамæ дзуапп радта мах раз!.. Дыккаг тæрхон Къосгайы хъастыл дзуапп,— амæй тардæр æрцыд Сенатæй 14 июны 1896 азы. Иттæг æфхæрд фæци уым Кавказы сæрдар йæхæдæг. Æнæсудæй дзæгъæл равыстæн Къоста кæрон скодта. Бирæ раст адæм, æгас Кавказы, сæ хæ- дзæрттæм ссыдысты. Стыр намыс скодтой ацы Сенаты тæрхæттæ Къостайæн æмæ Ирæн æглс Уæрæсейы... Куырттаты зарæг Бабуц нæ мæгуыр Иры фыдцардæй æфхæрд зæрдæ. Сæ сæр систой æгас дзыллæ. Ныфсхастдæр фесты сæ разæйцог лæгтæ. Уыцы рæстæджы Куырттаты хохы цæхæрцæст, дзыхифтонг фæсивæд Къостайы номыл тохы зарæг рауагътой. Зарæгæн йæ райдиан уыди: Кавказы хицæуттæ нырризыдысты... Нары айнæджы бæрзæндтæй Ратахт домбай базырджын цæргæс! Уыцы цæргæс у, Иры лæппутæ, нæ хохы буц фырт Къоста!.. Гуымы-Хъæрмæдоны 1896—1899 азмæ Стъараполы газеты куыст ныууагъта æмæ Гуымы æрцарди. Тыхджын уыди удыхъæдæй, фæлæ мæгуыр фыдцардæй буары низтæ йæ домын байдыд- той. Йæ зæрдæ тыхджын агурын байдыдта æнцойад... Искуы хæдзары къуым куы саразин нæ Ирмæ хæстæг, бинонтæ куы æрхæссин—уыцы мæты бацы- ди... Æнцадæй царди уым йæ хæлар адæмы астæу. Дыккаг æрвыст Каханов фæхудинаг, зынгау сыгъди. Æфсон агуырдта йæ фесафынæн æмæ ссардта. Мæнгардæн цы нæ æнтысы! 1898 азы Дзæуджыхъæуы чындзæхсæвы Хетæгкатæй иу лæппулæг,— Къоста уыди йæ ном — фæхыл полицæимæ... Гæды протокол та Леуаны фыр- тьтл — Къостайыл ныффыстой... Сусæгæй тыхджын фæкуыстой æмзондæй Ка- ханов æмæ Калачы стыр хицæуттæ. Кавказы сæрдар тæрхоныл йæ къух сæ- вæрдта: Хетæгкаты Къоста фондз азмæ Уæрæсейы кæронмæ хъуамæ æрвыст æрцæуа, куыд æгас Кавказы змæнтæг!.. Алы ран уыцы рæстæджы Къостайæн уыди хорз лымæнтæ, йæ фарс хъæ- бæр ныххæцыдысты. Гуымæй æнæахстæй афойнадыл Цыппурсы 1898 азы раирвæзти, Петербурджы балæууыди. Паддзахы номыл хъаст балæвæрдта. Стыр газеты тох та самадта Кавказы хицæуттимæ. Лæджы тох!.. Каха- новы асырдтой йæ бынатæй... Итгæг æххуыс ын фесты уыцы бонты йæ хæстæг дохтыр Хетæгкаты Елыз- 8
бары фырт Андухъапар, Абациаты Мæхæмæт æмæ Есенаты Соыа (Кн. Тарха- , нова). «Ирон фæндыр»-ы ахст Петербурджы йыл сæмбæлди ног арвы гæрах: «Кавказы хицæуттæ дæ чи- ныг «Ироп фæндыр», 2000 чиныджы цæттæгопдæй, æрцахстой, сæ фесафыныл хъæбæр зилыпц!..» Тыхæй бафтыди 1897—1898 азты цензур-комитетæй дзырд райсын, -амал- тæй йæ ныммыхуыр кодтон. Зиаг адæм Къостапы царды фæллой, дзыллæйы амопд фехалынмæ бахъавыдысты!.. Нæ хур фæцæйныгуылди!.. Стыр тохы ба- цыдыстæм!.. Херсоны тухитæ Къостайæп, æмгъуыдмæ, цæрынæн саккаг кодтой Херсон-сахар—цальщ- мæ йæ рæстад рабæлвырд уа; уым фæцард иунæгæй 1899 азы суанг мартъи- мæ 1900 азы. Судзаггаг бонтæ, мæйтæ цыдысты æнахуыр бæсты, æцæгæлон адæмы астæу. Иæхи æгæрон сагъæстæй домдта... Фыста йæ лымæнтæм: «Ай рæстад куынæ и нæ сайаг дунейы,— мæхи марынмæ æрцыдтæн... Ай, цæй тагъд æр- хæррæгъ дæн!.. Куы ницы мын бантысти скæнын нæ мæгуыр Ирæи. Цæрду* дæй мæ мæлæтмæ куы æртардтой!..» «Ирон фæндыр» рацыд Иу бон, стыр тыхсты сахаты, пиллон зынгау та йæ цæстытæ ссыгъды- сгы!.. Бабуц йæ бæгъатыр уынгæг зæрдæ... Æмырæй æхгæд сау арвæй пæм хурзæрины тын йæ уарзон Ирыстонæй æрбакасти... Иæ разы лæууыд, цæхæртæ калгæйæ йæ кады тырыса, ирон чиныг: «Къо- ста. Ирон фæндыр». Иæ уды куысты æнæмæлæт нысайнаг Ирон кувæндоны. Фæихсыдысты ирæн сæ бонтæ хурныгуылæны изæрау, дзæгъæл задысты сæ хæхтæ уынгыл ниуæг сидзæрау!.. Хъуыст зæрдæхалæн сагъæс. Уæ, нæ хæхтæ, нæ бæстæ, Куыд ма цæрæм уæ фæстæ!.. Къоста ныллæууыд Иры астæу æхсæны раст лæгæн æмæ загъта мыгга- гæй-мыггагмæ хъуыдыйаг, фарны иыхæстæ йæ сызгъæрин чиныджы: «Ныууадзут, ир, хæлды ныхæстæ—чырыстон-пысылмон, Тега-Куыртта, æл- дар-кæвдæсард, чысайнаг-туайлаг, дыгурон-къуыдарон...» 1895 азы айхъуыст æгас Ирыл йæ диссаг зарæг: Цæйут, æфсымæртау Радтæм нæ къухтæ, Лбон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!.. Скæнæм нæ тырыса Дзыляæйы номæй, Рухсмæ æнæзивæг Цомут æнгомæй!.. 9
Райхъал кодта мæрдхуыстæй ацы чипыг æгас Иры, ’уымæн æмæ дзыл- лæйы зæрдæйы уидæгтæм бахъардтой йæ æгæрон сагъæсы, кæуыны æмæ хи- дзыллæйады мæты ныхæстæ!.. Ацы чиныгæй фидар бындур самадта Къоста ирон литературæн... Стыр æхсары уарт радта ирон фыссæгæн... Культур дзыллæты астæумæ ироы адæмы бакодта. Нæ иунæджы кæрон Мæгуыр æфхæрд лæгæн йæ хъастæн, раст лæгæн йæ мастæн æрцыд са- ягъæссаг кæрон... Ногбон боны 1900 азы Къостайыл Кавказы сæрдарæй тел сæмбæлди: Ка- :хановы хъаст мæнг разынд, сæрибар’ дæ!.. 1900 азы мартъийы тыххæй-амалтæй ма схаста йæ домд стæгдар Гуым- ’мæ... Нал æй базыдтам. Саумылазон мигъ æрæхгæдта йæ рæсугъд цæстыты зынг... Æгомыг уыди сызгъæрин дзых... Уæззау рохст зæрдæ хуылфы ных- хус!.. Фыднизы нысæнттæ бæрæг уыдысты. Иæ зонд йæхи бар нал уыди. Иæ- хæдæг æй, мæгуыр, не ’мбæрста... Цыдæртыл ма бæргæ архайын райдыдта. Иæ зæхх Лабæйы æрбауæй код- та. Дзæуджыхъæуы Ирыхъæуы кæрт алхæдта, хæдзар уым самадта; тыргъ- тæй зындысты нæ хæхтæ æмæ быдыртæ... «Куы мæлон, уæд сæм ардыгæй салам æрвитдзынæи!..» — дзырдта-иу худ- гæйæ... Низ йæ сусæг сау куыст кодта. Иу бон лæг æгасæй æрхаудта. 1903 азы йæ йæ хо Олга аласта сæ хæдзармæ Лабæмæ... Сынтæгæй нал рахызти... Рын- чынфæрсæг адæмæн дзырдта æрмæст дыууæ ныхасы: «Ме ’фсымæртæ, кæрæ- дзийы уарзгæйæ цæрут!..» 19 мартъийы 1906 азы Ирыл сæмбæлд цыбыр сау уацхъуыд: «Къоста амарди. Олга». Иæ мард ын сластой Дзæуджыхъæумæ æмæ йæ уым Иры аргъуаны фарсмæ бамыгæдтой... Мардæн стыр æгъдау радтой алы дзыллæ- тæ... Кады дидинджытæй ипгæи нал зынди... Бирæтæ рæсугъд ныхæстæ загътой йæ цардыл æмæ йæ хъуыддæгтыл. Ба- касти диссаг хъарæг уырысс’агау поэт Цæголти Георги, иронау — Кадаты лæппу, Ерастийæ сæрвыста сау дудгæ маройы хъарæг поэт Гуырдзибети Бласка. Ахæлиу сты адæмтæ... Судзæггаг марды сæрмæ хостой сæ риу ирон мадæлтæ, бындзыгæй тыд- той иры устытæ сæ сæр... Æдзарды сидзæр Иунæджы хъарæг кодтой... Рухсаг, нæ Хурзæрин!.. ГАППО Тбау-Уациллат ы 1922 аз. Берлин Редакцийæ: Гаппо Къостайы райгуырды аз раст нæ амоны. Яæ мад кæд амард, уый дæр бæстонæй бæлвырд нæу. Чендзе уыд Дзапарты ус, Туаты чызг.
Æз, нывгæнæг æмæ адæмон поэт, мæ цард æнæхъæнæй дæр снывонд кодтон Кавказы администрацийы ныхмæ тохæн. Мæ иунæг сидзæры уд нывонд кæнын нæ Иры дзыллæйæн, мæ зонд, мæ зæрдæ куыд амонынц, афтæ. Къоста. ЦÆГОЛТЫ ГЕОРГИ ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТАЙЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС Цыбыргондæй Лæзæры, сæфы тар... Æфхæрд, цагъар Уырысы Æрхæсдзæн рухс уалдзæг нæ фидæн бонты таг. Ныр тагъд уыдзæни бон... Нæ сусæг цин уал хъуысы Æхсæвы мæргъты тарф уасты. Ныр та Мах фæзилæны стæм... Ыстыр уылæн нæ сисдзæн, Нæ бæллиц донбылтæм мах рахæсдзæни тагъд. Нæй уым рæхыстæ, ’фхæрд, нæ рухс галуаны систæ Нæ сæтдзæн уым лæгмарæджы цъыф къах. Куыд тынг фæндыди дæу, цæмæй зынг хур ыскæса Дæ райгуырæн бæстыл, цæмæй фæлидза тар, Цæмæй цагъайраджы уæззау æфсондз ныссæтт^а, Цæмæй фæхæсса уад нæ фыдмæстытæ дард. Цæмæн уынæм ныр дæу æнафоны зынгхуыстæй? Цы у ингæны дзуар? — Ды махимæ нæ дæ?.. Кæм и рæстдзинад ам? Цæмæн сафы куырм хъысмæт, Цы ыæм ис хорзæй, уый, æнæмæтæй, фыдæй? Хæрзбон, нæхи Къоста... Мах ард хæрæм дæномæй: Нæ бæстæ уарздзыстæм, уыдзыстæм ын хæстхъом, Æмæ йын кусдзыстæм зæрдæбынæй, уæнгрогæй, Кæдмæ нæм уа æхсар... Хæрзбон, Къоста, хæрзбон!.. 1906 11
Тæхуды, йæ дзыллæйы раз Чи ракæны барджын ныхас, Кæй фæрсынц, кæй равзарынц зондæй! Тæхуды, йæ уарзондзинад, Йæ хорз ном, йæ фыдæлты кад, Чи уадзы уæлæуыл зæрондæй!.. Къоста ЗÆИДЖИАТЫ БÆБУ КУЫД БАЗОНГÆ ДÆН КЪОСТАНМÆ Хетæгкаты Къостайы æз хорз нæ зыдтон. Сæмбæлдтæн ыл Дзæуджы- хъæуы дыууæ хатты. Къоста йе ’мдзæвгæтæ нæма хъæр кодта, ничи ма йын сæ зыдта, афтæ йын дзы Дзæуджыхъæуы реалон скъолайы 7-æм къласы ахуыргæнинаг Дзалаты Луа сусæгæй, Къостайы æвастæй иукъорд æмдзæв- гæйы сфыста: «Чи дæ?», «Хъуыбады», «Додой» æмæ-ма ноджыдæр цыдæртæ. Дзалайы-фыртæй та сæ æз æмæ Баситы Мискæ сфыстам. Уый агъоммæ æз ирон æвзагыл æмдзæвгæ никуы фехъуыстон æмæ мын афтæ ’хсызгон уыд, афтæ тых мын кодтой, афтæ тынг хъардтой зæрдæмæ, æмæ, хъуыды-ма йæ кæнын, мæ сæрыхъуынтæ-иу арц сбадтысты, мæ цæсты- тæ-иу доны разылдысты. Уый адыл сæ æз арæх кастæн æмæ сæ къуырийы бонмæ æнæ чиныгæй базыдтон. Дзалайы-фырт мын бафæдзæхста — дзурын сæ нæма хъæуы, Къоста-ма сыл кусгæ кæны йе ’мдзæвгæтыл æмæ йын хъыг уыдзæни, зæгъгæ. Фæлæ-ма уыдæттæ йедтæ чи хъуыды кодта! Ахæлиу сæ кодтон: æхсызгон мын уыди сæ кæсын, стæй мæм номы хуызæн каст, адæмæй бирæтæм, æндæр ничи, фæ- лæ æппæты разæй æз кæй фæдæн хæрзæггурæггаг, уый. Уымæн йæ хæдфæстæ Æрыдоны семинары сæмбæлдтæн æмæ уым сту- денттæн радзырдтон «Чи дæ?» æмæ ноджыдæр цыдæртæ Къостайы æмдзæв- гæтæй. Нæ мæ рох кæны ныр дæр ма сæ рухс цæсгæмттæ, стæй хъæлдзæг хæлиу цæстæнгас студенттæн фырцинæй. Уыцы рæстæджы Беслæныхъæуы ахуыргæнæг уыдтæн æмæ сæ скъолайы лæппутæн дæр бацамыдтон. Уыдæттæ, æвæццæгæн, Къостайы хъусыл æрцыдысты, уымæн æмæ, фыц- цаг хатт ыл куы сæмбæлдтæн Дзæуджыхъæуы, уæд йæ фыццаг фарст уыд: куыд æгъдауæй бафтыдысты мæ къухы йе ’мдзæвгæтæ? Æз ын радзырдточ, хъуыддаг куыд уыд, афтæ. Дыккаг хатт ыл сæмбæлдтæн Дзæуджыхъæуы. Цæхæрадоны бадти Колы- ты Тотрадз æмæ-ма ноджыдæр чидæртæ. Хъуыды-ма кæнын, Афарста мæ: «Дæ ахуыргæнæджы куыст цæмæн ныууагътай, нæхимæ цæуылнæ кусыс, Уæрæсемæ дæхи цæмæн аппæрстай?» 12
Уыцы бонæй фæстæмæ йыл никуыуал фембæлдтæн. йе ’мдзæвгæтæй бирæтæ аивта, кæм бафтыдта, кæм аппæрста, фæлæ би- рæ рæстæг рацыд æмæ мæ ферох сты. Аппæрста ахæм куплеттæ: 1) Мæ мад уайтагъд амард, Хъыг цас ыл кодтой! Чысыл цыдæр ацард, Рæсугъд æй хуыдтой. 2) Куы фесты нæ муртæ, Уæд, гъæйдæ, цæугæ, Мæнæн-ма нæ дуртæ Ныууагъта бæргæ. 3) Иæ фос мæнæй дарддæр Скъæрæг нæ уыд, Мæ фырытæй нарддæр Ыскæнæн нæ уыд. 4) Куы хосдзау, куы суглас, Куы фосмæгæсæг, Мæхъидзау, къæпидас, Куы фаджысхæссæг. («Ч и д æ?») Дæ кад мыггагмæ у цæринаг, Дæ цард йæхæдæг уыд сæдæ. Зæххыл дын нал баззад кæнинаг, Дæ мæсыг амайын фæдæ. («М а р д ы у æ л х ъ у с») Ацы æмдзæвгæтæ аппæрста Къоста йæхæдæг, йæ чиныджы нæ бацы- дысты. Алагиры аргъуаны къултыл бирæ нывтæ ис Къостайы къухæй фыст. Ныр дæр-ма æнæхъæн сты. Къамис ын йæ куыст куы иста, уæд сæм алчер бирæ фæкасти, стæй æрæджиау загъта: «Мало божественности». Æцæг лæгхуыз кæй уыдысты йæ нывтæ, уыцы сахъат сæм ссардта. Уый мæхи хъусæй нæ фехъуы- стон, фæлæ мын æй дзырдтой, уым чи уыд уыцы сахат, ахæмтæ. * * * Иæ мæлæты фæстæ иу æртæ мæйы рацыдаид, афтæ Лабæйы уыдтæн æмæ Къостайы хо Олгъамæ бацыдтæн. Уым федтон Къостайæн йæхи къухæй фыст йæ фыд Леуаны ныв. Уыдаид иу адыли кæнæ чысыл фылдæр алырдæм. Олгъайы ныхæстæм гæсгæ Къоста йæ фыды тынг бирæ уарзта æмæ. йын йæ ныв кæддæриддæр йæ хуыссæны сæрмæ дардта. Олгъа мын лыстæгæй фæдзырдта йæ рынчычы хабæрттæ Къостайæн: куыд зын уыд рынчынæй Къостамæ зилын, дзæгъæл куыд хатти, коммæ куыд нæ касти, сывæллонæй уæлдай куыд нæуал уыд, ирон адæм æй куыд нæ рох «кодтой йæ рынчыны сахат æмæ йын æхцатæ йедтæ куыд æрвыстой. «Мах дуг», 1935 аз, Л° 3—4.
Мæ хæлар, мæ уарзон, æнæзонгæ уарзон! Цы номæй дæм бадзурон, уый ма мын зæгъ?.„ Мæ зæрдыл дæ дарын цы ныфсæй фæразон, Мæ райгуырæн бæстæ, мæ фыдæлтьи зæхх? Къоста ДЗАБОЛАТЫ ХАЗБИ ИР Куыствæллад лæджы куыствæллад уæхскыл Иу хæссинаджы дыууæ æмбисау — Хæхты рæхысæн йæ фæйнæ фæхстыл Иры дыууæ Иры ныххæлиу ысты. Зæгъынц сæ: «хуссар», « цæгат-ирæттæ », Ныхгæдтой фæндаг хъæдæмбæрзт рæгътæ, Фæлæ сын дзурынц чырсбазыр дæттæ Сæ иу фыдæлты нæртон таурæгътæ. Ныддих и се ’взаг дыууæ нымд зæлыл, Хæд-зад бындзыджы дыууæ æвзарау. Æмæ сын райгуырд сæ тохы сæрыл Сæ иу хъыджы фырт — Къостайы зарæг. 14
Нæ фæсивæд! Кæрæдзимæ Уæ зæрдæ дæр куы нæ райы!.. Къоста КЪОСИРАТИ СÆРМÆТ ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТА* Литературон—æмæ уыимæ æппæт æхсæнадон фарстытæм дæр абон цы цæстæнгасæй кæсæм, уый чи хаты, уыдон рæстыр- дæм бамбардзысты Сæрмæты иуæй-иу хъуыдытæ æмæ хатдзæг- тæ. Кълассон хуызы, ай-гъайдæр, раст нæу аивадæн сæрæй бын- мæ аргъ кæнын—вульгарон социологизмы дурæхсæн у уый. Уæдæ Сæрмæт Байаты Гаппойы афтæ карзæй кæй фауы, Къостайæн æй комкоммæ цыфыддæр знаг кæй хоны, йæ адæмы уæйгæнæг дзы кæй аразы, уыдæттæ дæр æнæфæлывд историон цæстæнга- сæй раст не сты. Æмæ ома Сæрмæт махæй æнæмбаргæдæр уыд, зæгъгæ, зæ- гъæн нæй. Галиу хатдзæгтæй йæм цы ис, уыдон йæ дуне æмæ цардæмбарынæй нæ гуырдысты, фæлæ сты йæ рæстæджы — 20-æи æмæ 30-æм азты — литературон-критикон быцæуты фæстиуджы- тæ. Уыцы быцæуты мидис та-алы скъоладзау дæр зоны æмæ сæ кой бæстонæй нæ кæндзыстæм. Фæлæ уæддæр, æмтгæй райсгæйæ цымыдисаг у йæ уац абоны журналкæсджытæн* «Ирмæ алы ран,— Хæрд уа, нозт уа, Зæланг кæндзæн Дæ ном — «Къоста». Хетæгкаты Къостайыл конд зарæгæй Къоста... Чи нæ зоны Ирыстоны ацы ном? Ацы номимæ кæй зæрдыл не ’рæфтдзæн йе ’мбисонды «Ирон фæндыр», йæ алæмæты зар- джытæ, йæ диссаджы цард? Цæй тыххæй афтæ арф ахъардта * Кæс журнал «Мах дуг», №№ 3—4, 1935 аз. 15
фæллойгæнæг адæмы зæрдæты, цæмæ гæсгæ Къостайы абон мах дæр хонæм нæхи æмæ йыц кæнæм стыр ном, стыр цыт? Цы пайда фæуыдзæн Къоста махæн — социализм аразджы- тæн? Æгас Уæрæсе дæр паддзахы реакцийы бын ссæст куы уы- ди, уырысы фæллойгæнджытæн фырæфхæрдæй скæсæн дæр куы нæ уыди, гъе уыцы заманы райгуырдис Хетæгкаты Къо- ста. Уæрæсейы паддзæхтæ сæ дæлбар цы адæмты бакодтой, уыдон æфхæрддзинад та ноджы тынгдæр уыди. Хæххон адæмтæ, уыдонимæ ирон адæм дæр æнаккаг зын- вадаты бахаудысты, сау тары нал уыдтой сæ сомбон, сæ фи- дæн. Уыцы зыи рæстæджы ирон адæмы æхсæн фæзынд æмæ æхсæны тохы фæндагыл ныллæууыд мæгуыр хæххон адæмы сæрыл дзурæг — Къоста. Уый заманы (1860—1900 азтæ) Иры- стоны нæма уыдис фабрик — заводтæ, нæма уыдис пролета- риат (Садоны бынтон чысылæй уæлдай). Къоста иппæрд уыди Уæрæсейы уæдыккон революцион змæлдæй дæр. Не ’мбæрста, мæгуыр ирон (æмæ хæххон) адæм национ æфхæрдæй дарддæр кълассон æфхæрддзинад дæр кæй æвзарынц, уый. Уыйадыл уый сидтис æппæт ирон адæмы иудзинадмæ, уый æнхъæлдта, æмæ Уæрæсейы паддзахы хицауады ныхмæ сыстдзысты канд мæгуыр ссæст адæм нæ, фæлæ æппæт дæр. Къостайы зæр- дæйæ, паддзахы къæбæртæй хаст чи уыди, уыцы ирон æл- дæрттæ дæр æрхæстæг уыдзысты мæгуыр адæммæ æмæ иумæ тох самайдзысты паддзахы хицауады ныхмæ национ ссæриба- ры фæдыл. Рох кæныы нæ хъæуы, ирон «æлдæрттæ» динæй пысылмон кæй уыдысты, уый. Паддзахы хицауад Гуырдзыстон æмæ Фæскавказмæ куы бырста Кавказы æфцæгыл, уæд æй æппæ- ты фыццаг æрцахсын хъуыдис Ирыстон æмæ Кæсæг. Уыцы хъуыддаджы фæдыл йæхицæн æххуысгæнджытæ агуырдта. Кæсæджы æлдæртты æмбис æмæ, уыдонимæ баст чи уыд, уы- цы ирон æлдæрттæ — се ’ппæт дæр уыдысты пысылмæттæ. Цæмæй дины руаджы дæр баст цæуой хæххон фæллойгæнæг адæм, уыйадыл паддзахы хицауад архайдта ирон адæмы счы- рыстон кæныныл, фæлæ йын уыцы хъуыддаджы иуырдыгæй цæлхдур разындысты ирон æлдæрттæ. Паддзахы хицауадимæ иу цыбыр рæстæгмæ Къостайы заманы не сфидыдтой ирон æлдæрттæ. Хетæгкаты Къоста уыцы хъуыддагæн йæ бындзар нæ равзæрста. Уымæ гæсгæ афтæ хъуыды кодта, цыма, ирон æлдæрттæ паддзахы хицауады ныхмæ куы ныллæууой, уæд уыцы хъуыддаг стыр æххуыс фæуыдзæн æппæт мæгуыр адæ- мæн дæр. Очаков-горæтмæ хаст куы уыдис, уæд уырдыгæй йæ писмотæй иуы (1899 азы 6 июлы) фыста Байаты Гаппомæ: «Об алдарах надо шуметь поменыпе, не надо придаватьни- какого значения глупым выходкам некоторых недорослей из них. Тогда они мало-помалу устыдятся своего домогатель- ства». 16
Стыр интересон хъуыддаг æрцыдис Ирыстоны исбонджын- тыл Къостайы заманы,— дыууæ къорды фесты. Иу къорды сæр уыдис инæлар (уæды заман — булкъон) Хоранты Созыры- хъо. Ацы къорд — «сау адæмæй» рацæуæг буржуази сæхицæн царды мидæг уæлдæр бынат агуырдтой ирон «æлдæртты» цур. Ууыл разы нæ кодтой бадилатæ, тæгиатæ æмæ иннæ ахæмтæ.. Се ’хсæн загъд куы сцырын, уæд «æлдæртты къорд» иу зама- ны Къостайы дæр се ’мварс бакæнинаг уыдысты. Къоста хæ- рам уыд сæ дыууæтæм дæр. Фæлæ Хораыы-фырт æмæ йæ фæ- донтæ паддзахы хицæутты агентурæйæ дарддæр ницы уыды- сты. Ирон фæллойгæнæг адæмы иитерестæ майдантыл, цин- тыл æмæ паддзахы æндæр хæрзиуджытыл уæй кодтой дыууæ къорды дæр. Фæлæ Хораны-фырты бал ацы хъуыддаджы уæл- дай æдзæсгомдæрæй æвдыста йæхи. Æмæ гъе уыйадыл фæ- зындис Къостайы «Æхсины лæг»... Сусæггаг нæу, уыцы «Æх- сины лæджы» кæйты кой кæны, уый: «Гадза бирæгъ æнгом дзуджы Быдыры дæр ныппырх кæны... Цы ма кæнæм — ныры дуджы Æхсины лæг æлдар кæны. Гадза бирæгъ æфсæстæй дæр Нæ ауæрды лæбурыныл... Æхсины лæг йæ бæстæй дæр Нæ ауæрды мæнг дзурыныл». Ирон æлдæртты Къоста никуыдæр хуыдта ирон фæллой- гæнджыты раздзог. Уый нæ, фæлæ Къоста уыдонæй фæпайда- гæнинæг уыди мæгуыр адæмæн. Кæд ацы ран Къоста тынг рæ- дыди æмæ бирæгъты æрмахуыр кæнинаг уыди, уæддæр æргом у, ацы ран дæр Къоста мæгуыр æфхæрд ирон адæмы сагъæс кæй кодта, уый. Документтæ куыд бæрæг кæнынц, афтæмæйты Къоста йæ- хи дæр иу заманы «уæздæтты» мыггæгтыл бафтауинаг уыди æмæ «дворянин» дæр хуыдта йæхи. Фæлæ сæ куы æрæмбæр- ста, уæд йæхæдæг йæхиуыл дæр худтис. Йæ иу уырыссаг цы- быр æмдзæвгæ «Хетæджы» уый тыххæй фыста: «Я сам из потомков его и, как гусь, Лишь годный в жаркое, нередко, Встречаясь с другими «гусями» кичусь Прославленным именем предка». Алы саби дæр ныртæккæ зоны, ирон æлдæрттæ уырысы паддзахы хицæуттæн сæ къæбылатæ кæй уыдысты æмæ фæл- лойгæнæг адæмимæ баиу кæныны фæнд уыдонмæ æппындæр кæй никуы уыдис, уый. 1917—1920 азты ахъаззаджы револю- цион тохты ирон æлдæрттæ бынтон æргомæй равдыстой сæ цæсгом,— помещикты, цъулберты, «æрра буржуайы» æмæ мæ- гуыр кусæг адæмы фыд^лзнаджы цæсгом. Фæлæ Хетæгкаты Къфста фаг не ’взæрста, бадилатæ, тæгиатæ, таубитæ, æлдæрт- 2 Мах дуг № Ю 17
тæ æмæ æндæр ахæмтæ паддзахы хицауадæн æцæг оппозици кæй не сты, уый. Къоста нæ уыдта, ирон адæм иу кæй нал сты, фæлæ се ’хсæн кълассон дифференциаци кæй бацыдис, уый. Гъе уымæ гæсгæ уый сидтис «иудзинадмæ», «кæрæдзийы уарзондзинадмæ». Хетæгкаты Къоста йæ заманы æрмæст иунæг фæрæз зыдта паддзахы хицæутты ныхмæ хæцынмæ — мыхуыр. «Я в заключение пришел к убежденцю, что единственный легальный способ борьбы с кавказскими «мельницами» — это печать... Пером можно сделать очень много пользы». Фæлæ кæй ныхмæ тох кодта, уыцы хицæутты цур ахæм га- зет уадзæн нæ уыдис, æмæ уыцы хицæутты митæ æргом кæ- кæн кæм уыдаид. Хæххон адæмтæ цардысты Терчы æмæ Хъо- баны облæстыты. Гъе, уыйадыл Хетæгкаты Къоста бафæнд кодта Стъараполы горæты хæххон адæмы газет уадзын. Стъа- раполы уыцы рæстæджы цыдис газет «Северный Кавказ» («Цæгат Кавказ»). Йæ редактор-рауадзæг Дм. Евсеев. Уый ра- зы кодта газет ауæй кæныныл, фæлæ Къостайæн йæхимæ уыйбæрц æхца нæ уыдис. Æмаё уæд фæсидтис хæххон адæм- ты ахуыргæндтæм (интеллигенцимæ). Фæлæ йæ сидтæн аккаг дзуапп чи радтаид, ахæм нæ ра- зындис хæххон интеллигенцийы æхсæн. «Я в таком положении, в каком нахожусь теперь, являюсь пока одним в поле воином и не теряют надежды, что туземная интеллигенция проникнется, наконец, сознанием своего долга и поддержит начатое мною дело». (Хетæгкаты Андухъапармæ 1896 азы 4 ноябры писмотæ). Къоста йæ мулк ауæй кодта æмæ фондз минæй балхæдта «Северный Кавказ» — газеты æмбис. Иннæ фондз мины æрæм- бырд кæнинаг уыдис хæххон интеллигенцийы æхсæн. Æмæ йын ныхæстæй зæрдæтæ дæр февæрдтой уый агъоммæ. Фæлæ хъуыддаг æхцамæ куы ’рцыдис, уæд сæ ничиуал разындис,— сæхи алы æфсæнтты аууæтты бамбæхстой. Абацийы-фырт, Сарданов, Далгат, Цæлыччы-фырт, Санайььфырт, Джиойы- фырт, Датийы^фырт æмæ ма бирæ æндæр ахæмтæ — хус коз- бау ныхæстæй дарддæр ницы равдыстой. Æмæ куыд радтаик- кой се ’хца, куыд бацыдаиккой Хетæгкаты Къостайы газеты хъуыддаджы паддзахы чиновниктæ, афицертæ, адвакаттæ, сауджынтæ? Уый бæрцыл сабизæрдæ уыди Къоста æмæ не ’мбæрста, уыцы газет уыдонæн се ’фсис цард фехалинаг кæй уыдис, уый. Йæ мадырвадæлтæм уыцы заманы худæнæмха- сæй фыста Стъараполæй: «О, фехъусут, Джинаты æмæ стыр Цмийы кадджын азна- уыритæ, уæ иунæг сау лæппу-хæрæфьфт дард ,Стъараполы сау айнæгыл дзыназгæ баззад æмæ тæригъæдæй мары... Кæркуа- сæнæй кæркуасæнмæ стонг уаритæ йæ сæрты зилынц; йæ сау цæстыты гагатæ скъахынмæ æввонг сæхи дарынц... Гъе, мар- дзæ, хъал Джинаты азнауыритæ, уæ хъримаг æмæ ерæдаыпп топпытæ згæйæ нал бæззынц, бур сæгæй нал зынынц... Фезмæ- 13
лут, уæ бæхты рæгъау фыр нæрстæй æнкъуысын нал фæразы, уæ фæсивæд æнæмийæ дæлбазырты бафынæй, уæ чызджытæ æнæмæтæи уæрæх сæ ронбаст рауагътой... Гъе, мардзæ, тагъд фезмæлут, уæ хæрæфырты сæфын ма бауадзут!» (1897 азы 4 мартъи, Хетæгкаты Васили æмæ Андухъапармæ писмо). Бæргæ сидтис йæ хæстæджытæм, бæргæ дзынæзта хæххон интеллигенцимæ, фæлæ никуы мæ ницы! Фæсайдтой йæ йæ ныфсытæ! «Тяжело, дорогой брат, одному быть в поле воином»,— фыссы Къоста Хетæгкаты Андухъапармæ. Фæлæ уæддæр нæ сæттьг Къоста: «Что теперь делать? Бежать «искать по свету, где оскорб- ленному есть чувству уголок?»—Броситься в столичный во- доворот, обивать пороги высокомерных генералов от печати с продуктом моих безумных мечтаний о свободе и любви? ...Во всяком случае, я надежды не теряю. Мне кажется, что Хетæджы Уастырджы не настолько глуп, чтобы не вывел нас из этого затруднительного положения». Æмæ уæд йæ зæрдæйы бынæй ныззæлланг кодта йæ тох- мæ сидты зарджытæ: «Додой», «Азар», «Катай» æмæ æн- дæртæ. «Фидар рæхыстæй нын не уæнгтæ сбастой, Рухс кувæндæттæй хынджылæг кæнынц. Мард нын нæ уадзынц, нæ хæхтæ нын байстой, Стырæй, чысылæй нæ уистæй нæмынц!» Къоста йæ мæгуыр зæрдæйæ- æнхъæлмæ кастис, кæд иудзи- нады «дзыллæйы номæй» скæниккой æппæт ирон адæм сæ ты- рыса, фæлæ уый афтæ нæ рауади. Ирон буржуазийы зынгæ фылдæрæн йæ царды исбон уыдис ирон фæллойгæнджыты эксплуатацийæ. Æмæ паддзахæй стæй уырысы капиталистты æххуысæй. Уымæ гæсгæ уыдон æппындæр не ’рыхъуыстой Хетæгкаты Къостайы сидтмæ. Уый нæ, фæлæ ма уыдон æргом ныллæууьгдысты паддзахы фæсдзæуин-къæбылайæ æмæ цæлх- дур æвæрдтой, адæмы размæ кæныныл чидæриддæр архайдта, уыдонæн. Къостайы бæсты æндæр исчи, уæд чи зоны æмæ æрæвæрд- таид йæ гæрзтæ, науæд бирæтау бацыдаид æрмæст йæхи уды къоппайы сагъæсы, æрмæст йæхи цард аразыны хъуыдыйы. Фæлæ уый цалынмæ дзурынхъом, кусынхъом уыдис, уæдмæ не ’руагъта йæ тохы’тырыса. Æппæтæн дæр зындгонд у,куыд æфхæрд бавзæрста Терчы бæсты уæдыккон хицæуттæй, уый. Инæлар Кахановæн бантысти Къостайы Терчы бæстæйæ дард- мæ ахæссын кæнын. «Бирæ фæлмæн фынтæ зæрдæ нывæнды, бар ма йын ратт!..» «Фæлæ йæ бон ныккæла, уастæн, цæгаты урсарсæн*— зæрдæйы тынæй мæгуыр лæгæн цухъа кæнын чи нæ уадзы. * Уæрæсейы паддзахы хуыдтой фæсномыгæй афтæ. 19
Æмæ йæ Бындур ныззила Каханы-фыртæн, уыцы хуыцауы æлгъыст сафинагаен,— мæн сымахæй æнæ хай чи фæкодта, уе ’хсæн мæ иунæджы бонтæ зæрдæхъæлдзæгæй кæй тыххæй нал æрвитын!.. «Тæхуды ныр уæ къæсæрæй куы бадзурин æз дæр», раст, цыма уæ мæхи цæстæй уынын, афтæ уæм ардыгæй кæсын æмæ уын уæ ныхæстæ æмæ уæ худын хъусын...» Афтæ æнкъардæй фыста Къоста дард бæстæй йæ льгмæн- тæм Кавказмæ. ♦ * * Къостайы заманы ирон (æмæ хæххон) адæмы æхсæн про- летариат бынтон чысылæй уæлдай нæма уыдис. Кæд æфхæ- рæг паддзахы ныхмæ хæххон адæмтæ æдзухдæр стадысты, уæддæр сæ разæй иугæнæг, æцæг революцион парти нæма уы- дис. Национ интеллигенцийæн та (уæлдæр ма йæ куы загъ- там) йæ зынгæ фылдæр æмбис æлхавд уыд паддзахы хицауа- ды къæбæртæй. Фæллойгæнæг адæмы сæрыл æнауæрдонæй йæхи нывондæн чи æрхастаид, ахæмтæ тынг стæм уыдис уæ- ды хæххон интеллигенцийы æхсæн. Революцион пролетариат æмæ йæ ахуырадæй иппæрд уыди Къоста æмæ уыйадыл не ’мбæрста, цард бындурæй халгæ æмæ бынтон ног уагыл араз- гæ кæй у, уыцы стыр хъуыддаг та фæллойгæнæг — мæгуыр зæхкусджытæ æмæ кусджытæн сæхи къухтæй кæнгæ кæй у, уый. Гъе, уымæ гæсгæ, стыр (æмæ мæнг) ныфсытæ æвæрдта национ буржуазон интеллигенцийыл. Фæлæ уыцыбуржуазон интеллигенци-æндæрцæстæй касти поэт æмæ публицист Къостамæ. Уыдон æмбæрстой, Къоста æппæт адæмы иудзинады кой кæнгæйæ, дард кæй лæууы иу- нæг революцион — кълассон тохæй. Æмæ гъе уымæ гæсгæ уы- дон сæхи хæстæг ластой Къостамæ. Æгас ма куы уыдис, уæд- дæр йæ алфамблай зылдысты хæххон националистон буржуа- зийы «цæутæ». Уыдон фæндыди Къостайы сæхицæн æрма- хуыр скæнын, æмæ сын уæд хъуамæ сæ нысæнттæ æххæст кодтаид. Гъе ацы хъуыддаг равзаргæйæ, бамбарæн суыдзæн, КъостД иу заманы æлдæртты къордимæ баст цæмæн уыди, ирон бур- жуазон «цæутæ» йæ цæмæ гæсгæ «кадджын» кодтой, хус ны- хæстæй уæддæр. .Ивгъуыд заманты культурон бынтæ нæхи кæнгæйæ, мах хъуамæ неппæт дæр, цыдæриддæр базонæм, цыдæриддæр ба- кæсæм,— хуымæтæджы ^æркаст æмæ базоныныл ма уадзæм, фæлæ йæм хъуамæ æнæмæнг æркæсæм капиталистты æмæ по- мещикты ныхмæ кусджыты æмæ зæхкусджыты кълассон то- хы цæстæнгасæй, хъуамæ йæ æнæмæнг сбæттæм фæллойгæыæг дзыллæты æлдариуæггæнæг кълæстæ эксплуатаци кæй код- той, уыимæ. Афтæ-иу амыдтой не, стыр ахуыргæнджытæ — Маркс, Эн- гельс, Ленин. 20
Афтæ амоны æцæг революцион ахуырад — марксизм-лени- низм. Æрмæст афтæмæй ис раст бацæуæн историон бынтæм. Ленин æмæ нæ; иннæ ахуыргæнджыты амьгадтæ зæрдыл даргæйæ, зын бамбарæн нал уыдзæн, куыд æгъдауæй хъавы- дысты хæххон буржуази Къостайæ — мæгуыр адæмы сæрыл дзурæгæй — сæхи хъузон скæнын. Хæххон (æмæ ирон) ахуыр- гоцд адæмæй фыццаг заман «номдзыд» уыди Байаты Гаппо. Байаты Гаппо уыдис ирон национ буржуазийы зынгæдæр «цæутæй» иу. Байаты Гаппо уыдис ахуыргонд (адвакат), бон- джын (мулчы хицау), Дзæуджыхъæуы горæты сæр (городской голова) æмæ «ирон дзыллæйы лæг»,— ирон адæммæ револю- цийы агъоммæ йæхи «хорз лæг» чи хуыдта, ахæмтæй. Йе ’гас царды фæнддг дæр уымæн уыдис мулкдзуаны фæн- даг. Мулк, исбон, æхца, царды фæрæзтæ, хицауад — гъе уы- дæттæ уыдысты Байаты Гаппойы æмæ уый хуызæтты царды быдыргътæ. Гъе уый адыл Байаты Гаппо ацыдис Уæрæсейы паддзахæн цагъайрадлæггад кæныны фæндагыл æмæ архайдта, цæмæй ирон фæллойгæнæг мæгуыр адæм æрмахуыр суой, цæмæй уы- дон разы уой сæ мæгуыр цардæй æмæ ма сыстой се ’фхæр- джыты ныхмæ. Афтæмæй цы диссаг у, Октябры революцийы тохты Байаты Гаппо кæй уыдис контрреволюцион элементтæн сæ тæккæ раззæгтимæ, уый. Байаты Гаппойæн йæ бон, йæхъа- ру цы уыдис, уымæй куыста кусæг кълас æмæ мæгуыр зæхку- сæг адæмы ныддæрæн кæныныл. Уый уьхдис 1918 азы цы на- ционалистон контрреволюцион «Къостайы къорд» сæвзæрди, уый идеологтæй, уый аразджытæй иу. Байаты Гаппо уыдис уырысы паддзахы æнæфæсайгæ къæбыла. Æмæ йæ фæдыл фылдæр адæм афæливыны тыххæй йæхи æвдыста ирон на- цион интерестыл риссæгæй дæр. Байаты Гаппо æмбæрста, Хе- тæгкаты Къостайæ буржуазийæн стыр пайда скæнæн кæй суаид, æрмахуыр куы суаид æмæ мæгуыр адæмы сæрыл, стæй паддзахы хицæутты ыыхмæ æгæр куы нал дзурид, уæд. Алы мадзæлттæй архайдта Байы-фырт. Æппæты фыццаг, Къостайы стыр хæлар льШæнæй æвды- ста йæхи. Къостайæн йæхимæ цы писмотæ фыста, уымыты дæр æй хоны стыр нæмттæй: «нæ Кавказы цæргæс», «нæ ныфс», «нæ хъæбатыр нæртон», «нæ дзыллæйы æгъдынцой», «мæ адджын лымæн» æмæ æндæр ахæмтæй. Фыссæг Къубалты Алыксандр хорз зыдта Байаты Гаппойы дæр æмæ Къостайы дæр. Уый куыд зæгъы, афтæмæй Гаппо Къостайы мардмæ дæр нæ бацыддс, фæлæ йæхи бамбæхста, æмæ йæ æртæ боны ссарын дæр нæ бафæрæзтой/ Къостайы марды уæлхъус паддзахы æмæ мулкджынты ныхмæ исчи исты куы дзура,— æмæ йыл хицæутты зæрдæ куы фæхуда, уый тæссæй бамбæхст Байы-фырт! Къоста куы амард, уæд Къостайы фыстыты цалдæр ра- уаг&дæн раздзырдтæ радта Байаты Гашю. 21
. Уыцы, раздзырдтæ сабийæн дæр æнцон равзарæн сты сæ буржуазон-националистон æмæ контрреволюцион хъуыдытæй. Фæлæ се ’ппæты мидæг дæр Байаты Гаппо зæгъинаг у, цыма Хетæгкаты Къостаимæ æмзонд, æмвæнд æмæ æмзæрдион уы- дысты, уый. Фæлæ уый у алæмæт’ы хахуырдзинад æмæ æдзæс- грмæй мæнг дзурын. Хетæгкаты Къоста никуы дæр уыдис Байаты Гаппоимæ аемзонд, никуыдæр уыдис йемæ зæрдиаг лымæн. Хетæгкаты Къоста кæд марксистон зондахастæй цух уыд, уæддæр æн- къардта, Байаты Гаппо æлхæнгæ адæмæй кæй у, уый. , «Школа Гаппо — время — деньги»,— фыссы Къоста йæ писмойы. «По мпению Гадпо — будущее человечества в ком- мерции»,— фыссы æндæр писмойы. ...Байаты Гаппо йæхæдæг йæхи нымадта «ирон прозæйы фыдыл», ома бындурæвæрæгыл. Уый тынг æрвæссыд йæхи- уыл. Иу-цалдæр чысыл чиныджы уадзгæ дæр ракодта, фæлæ цыфæнды мæгуыр кæд уыдыстæм аив литературæйæ револю- цийы агъоммæ, уæддæр йæ фыстытæ ницы сахадыдтой, æмæ ма сæ абон æрмæст специалисттæ æрхъуыды кæнынц, куьщ анекдотон гуымыдзадзинады æвдисæн. Къостамæ йæ иу чиныджы рацыды агъоммæ фыста: «Рæх- джы нæ чиныг фæзындзæн «Гæлæбу». Дæ зæрдæмæ бацæу- дзæн!» ^ Фæлæ Байаты Гаппо йæхи тынг фæсайдта. Къостайы зæр- дæмæ æппындæр нæ фæцыдысты нæдæр «Гæлæбу», нæдæрйæ æндæр исты фыст. «...У него в «Галабу» ничего нет: ни техники, ни рифмы, ни даже сколько-нибудь сносного изложения на осетинском языке какой-кибудь осмысленной идеи. Чепуха ужаснёйшая! Печатать и распространять такую галиматью — это значитиз- вращать с места в карьер смысл и цели изящной литературы и вкусы жаждущих ее иронов... По-моему, лучше еще 100 лет не печатать ничего, чем печатать такую дребедень». Байаты Гаппо иу хъуыддаг тынг хорз æмбæрста: Хетæгка- ты Къостайы фыстытæ мæгуыр фæллойгæнæг адæмы зæрдæ- мæ тынг хъарыдысты. Фæле^ уый афтæ фæндыди, æмæ цæ- мæй Къостайы фыстытæй бынтондæр æппæрст æрцæуа рево- люциондзинад æмæ афтæмæй æххуыс кæной ирон национ бур- жуазийæн йæ тыхтæ æмбырд кæнынæн. Байаты Гаппо, стæй ма уыимæ æндæр чидæртæ (зæгъæм—Къубалты Алыксандр— йæ фыст «Къостайы царды мысинæгтæй»-йы) афтæ зæгъынц, цыма «Ирон фæндыр» мыхуыры нæ рацыдаид, Байаты Гаппо куынæ уыдаид, уæд. Къоста, дам, æппындæр мыхуыры уадзи- наг нæ уыди йæ фыстытæ. Байаты Гаппо, дам, Къостайæ ты- хæй байста йæ фыстытæ. Ацы ныхæстæ иууылдæр мæнг сты, иуæй уæлдай. Раст уый у, æмæ Гаппо Къостайы фыстытæ ты- хæй байста. Æмæ дзы тых цæмæн бахъуыдис? Гуырысхойаг хъуамæ ма уа, Къоста Гаппойыл йæ зæрдæ кæй нæ дардта, уый. «Ирон фæндыр» рацыд фыццаг хатт 1899 азы. Афтæмæй ,22
та Къоста дзæвгар раздæр йæхæдæг хъавыди йæ фыстытæ ра- уадзынмæ. 1897 азы 20 августы, рынчындоны сæйгæйæ, Къоста фыс- та: «За время своего лежания я окончательно обработал свои осетинские стихотворения, и некоторые из них, говоря не хва- лясь, поразительно хоронш. Надо будет их издать наконец».— Хетæгкаты Андухъапармæ писмо. Байаты Гаппо Къостайы фыетытæ райста æмæ йын дзырд радта, иуварсмæ еæ кæй нæ ахиздзæн, уый тыххæй. Сæ ба- дзырдмæ гæсгæ, Байы-фырт Къостайы номæй хъуамæ ныхас кодтаид цензурæимæ, стæй æрмæстдæр оригиналмæ гæсгæ йæ цæст фæдардтаид техникон корректурæмæ. Фæлæ Байы-фырт хинæй ацыд Къостайыл æмæ бынтон ныззыгъуыммæтæ кодта Къостайы «Ирон фæндыр». Йæ бон цас уыд, уымæй бацар- хайдта, цæмæй мæгуыр адæмы зæрдæйæн ныфс чи дæтты, уы- цы хъуыдытæн сæ ахъаззагдæртæ æппæрст æрцæуой, цæмæй Къостайы хæрзаив, æндон зæлланггæнаг æмдзæвгæтæ суой Байььфырты фыстыты хуызæн къуымых, æмыр æмæ гуымы- дза. «...Дубина Гаппо до неузнаваемости испортил мæ «Ирон фæндыр»,—фыссы йæ иу писмойы (Хетæгкаты Андухъапар- мæ — 1899 азы 2 сентябры). Иу нæ, фæлæ бирæ писмоты кæны ацы хъуыддаджы кой. Уый агъоммæ дæр Къоста Байаты Гаппойы кæй нæ уарзта æмæ йæ цæсты æгад кæй уыди, уый уымæй дæр бæрæг кæны|, æмæ, Гаппойы тыххæй фысгæйæ, æдзухдæр æфтыдта иу исты эпитет: «сæлхæр стур, къодах, цъаммар, хам, æдылы» æмæ æндæр ахæмтæ. ...Чи зоны, аиппаг нæ уыдзæн, «Ирон фæндыр» Байаты Гаппо куыд фехæлдта, уый тыххæй ам иу лисмойы гæбаз куы равдисæм, уæд. Писмо фыст уыдис, Къоста хаст кæдæм уыдис, уыцы горæт Очаковæй. «Относительно Гаппо я теперь не могу не припомнить, что «услужливый дурак опаснее врага». Прислал он мне «Ирон фæндыр» с надписью: «Джиппы ауагъта Гаппо Байаты». Я стал просматривать книжку и с первой страницы стал прихо- дить в бешенство, а к концу со мной сделался прямо-таки нервный припадок. Исключая «Тæхуды», ни одного стихотво- рения не прошло без самых возмутительных корректурных ошибок, сделанных Гаппо просто умышленно на основании своей собственной дикой орфографии. Мало того, он местами выбросил слоги и подменил мои слова своими, которые не только не рифмуются, но и нарушают строй, смысл и размер стиха. Дйю вам честное слово,— если бы это не проделал Гап- по, а какой-нибудь посторонний комиссионер, человек для ме- ня посторонний, я бы заставил его переиздать книжку. А это издание сжег бы до единого экземпляра. Я ему все это высказал в письме... Помните, как убеди- тельно я его просил и предупреждал самым серьезным обра- 23
зом у вас же за столом, чтобы он последнюю корректуру не- пременно показал мне... А если этого нельзя будет сделать,- то чтобы он до малейших подробностей придерживался рукописи. Правописание, которого я придерживаюсь, выработано мною долгим трудом на основании корней и производства осетин- ских слов. Правильность его я могу отстаивать перед каким угодно ученым обществом, а Гаппо, и вообще кому бы то ни было, я не могу позволить самовольно, без моего ведома изме- нять мое правописание и мысль по своему поыиманию и в та- ком виде выпускать в свет под моим именем. Это прямо-таки нечестно. И тем более, что я в Осетии, не только Гаппо, но и никого в отдельности не признаю пока авторитетным знато- ком нашего языка. А он сначала изгадил «Æфхæрдты Хæса- нæ», а теперь еще того хуже поступил с моей книжкой. Ведь этому чурбану я дал право только на чисто механическое по- средничество между цензурой и типографией, а не право редак- тирования моих произведений. А распределеыие стихов в 3-х отделах? Никакой системы, никакой последовательности!.. Вы себе и представить не можете, какую горькую, возмутительно варварскую обиду он мне нанес этим бесцеремонным произво- лом над моим детищем. Это то же самое, если бы какой-ни- будь индеец похитил у любящей матери парижанки самого лю- бимого ребенка и вернул его ей с густой «великолепной» та- туировкой». Чи зоны æмæ исчи зæгъа, кæд Гаппо æнæрхъуыдыйæ фæ- рæдыди, фæлæ — нæ! Йæ арæзтытæм ын куы æркæсæм, уæд фендзыстæм, уый, йе ’лдæртты социалон заказ æххæстгæн- гæйæ, Къостайы фыстытæ зонгæ зонын цензурæимæ æмзæр- дæйæ барæй кæй ныззыгъуыммæтæ кодта, уый. Ногæй æмæ ногæй Гаппойы фыдмимæ здæхгæйæ, Къоста фыссы: «...Гаппо я и до сих пор не могу проститъ его фальсифика- ции в «Ирон фæндыр»-е. Уверяю Вас, я не могу этой книжки видеть. Если бы я мог собрать все издание и сжечь его, я бы помолодел по крайней мере на 10 лет. Я понимаю корректур- ную ошибку, но заменять слоги, изменять падежи и таким об- разом нарушать не только рифму, но и строй стиха и смысл выражения! А в стихотворении «Фесæф» выброшена целая строфа, которая, вероятно, не понравилась «джиппæй уа- дзæг»-у», а того не собразил, что этим он ослабил силу стиха и нарушил мотив, которым передается «Фесæф» (Цæлыккаты Алыксандры чызг Аннæмæ, 1899 азы 8 сентябры писмойæ). Куыд ивта Гаппо Къостайы фыстытæ? Райсæм æрмæст иу дыууæ-æртæ цæвиттоны. Æмдзæвгæ «Уæлмæрдты»-йы къорд раны ис ахæм ивдты- тæ. Тæккæ фыцдаг рæнхъыты Къоста фыста: Мах хуызæн мардмæ нæ цæуынц æндæр рæтты... Фезмæлæн нал уыдас абон нæ уæлмæрдты Стырæй, чысылæй. -24
Байаты Гаппойы редакцийы та: Мах хуызæн мардмæ нæ цæуынц æцдæртæ Фезмæл&н нал уыдйс абон нæ уæлмæрдты Стырæй, чысылæй... «Ал-лол-лай»-йы зарæджы Къоста фыста: Зындонæй фыддæр — нæ цæрæн... Нал у ныр дæ фыд йæ сæрæн Сау, хæххон куыстæй... Байы-фырты редакци: Зындонæй фыддæр нæ цæрæн... Нал у ныр дæ Фыд йъ сæрæн Хохаг сау куыстæй... «Зонын» — æмдзæвгæйы Къоста фыста: Зонын, æргæвддзыстут ысты, Мардыл ма чи дары ком? Байы-фырты редакци: Зонын,— æргæвддзыстут исты,— Мардæн хæрнæг кæны ном. Алчи æфсæстæй мæ хисты Ссардзæн арахъæй мæ ном. Æркæсут-ма дыууæ рæнхъмæ! Цанæбæрæг бирæ фендæр- хуызон кодта Къостайы æмдзæвгæ йæ хæддзу-редактор? Фæлæ æрмæст уыцы иунæг ран Къостайы хъуыдыты æхсæн кæй фæ- цавта, гъе уымæй дæр Байы-фырт бæрæг кæны, цæуыл дзурæг У; уый. Куыд ирон буржуа-националист, куыд реакционер, аф- тæмæй тох кæны «ирон фыдæлтыккон æгъдæутты» фидардзи- надыл æмæ гъе уымæ гæсгæ фыссы, мардæн æрмæстдæр цыма хæрнæг кæкы ном,афтæ... Бирæтгц Къостамæ хæссынц уыцы азымдзинад, æмæ æгæр дингæнæг кæй уыди, уый. Цас раст у ацы хъуыды^ ууыл сæр- магондæй æндæр хатт æрныхас чындæуыдзæн. Ам та зæгъи- наг стæм æрмæстдæр Уастырджийы культы тыххæй. Байы- фырты хуызæн контрреволюцион, националистон буржуатæ сæхицæн номхæссæгæн, тырысайы цытджындæр нысанæнрай- стой Уастырджийы «дзуар». Уыдон уыцы «дзуары» ирон адæ- мæн уæлдай цытджын кæнинаг уыдысты. Фæлæ «дзуæрттæ æмæ дауджытæй» æппындæр исты хорздзинад чи ницы æв- зæрста, уыцы мæгуыр зæхкусæг адæм афтæ æнцонæй нал цы- дысты сæ фæдыл. Уæлдæр ма иу ран равдыстам, цас цытджын уыд Уастыр- джы — «дзуар» Къостайы цæсты, уый. «Æз афтæ æнхъæл дæн,— фыста Къоста иу писмойы,— æмæ Хетæджы Уастыр- джи уый бæрц æдылы нæу...» Гуырысхойаг нæу, зæрдæйы бы- 25
нæй дингæнæг адæймаг Уастырджийы æдылы кæй не схуыд- таид, уый. Къостайы рæсугъддæр æмдзæвгæтæй иу — «Æфсатийы» мах сахуыр стæм ахæм рæнхъытыл: Гъе’ рра! — 'Всати загъта, Ахæмты тыххæй Тутыр тынг фæдавта Фос нæ мæгуыртæй. Афтæмæй Къоста та мæгуыр адæмæн бирæгьты «дзуар» Тутырæй дæр Уастырджийы фыдбылыздæрыл нымадта æмæ уымæ гæсгæ фыста: Гъе ’рра! — 'Всати загъта,— Ахæмты тыххæй Уастырджи фæдавта Фос нæ мæгуыртæй... Ам дæр та Къостайы хъуыдытæ ныззыгъуыммæтæ кæны- ныл бацархайдта Байы-фырт æмæ йæ афтæ «средакци» кодта. Уæдæ цанæбæрæг диссаг уыдаид, Байы-фырт ноджы эæр- диагдæрæй кæй бацархайдтаид ахæм хъуыдытæ ныззыгъуым- мæтæ кæныныл æмæ Къоста йæ алфамблайы царды арæзтæй æнæразыдзинад кæм æвдыста, кæннод паддзахы хицауады ныхмæ кæм сидтис! Дзæвгар «аяæзтытæ» æрцыд «Додойы» зарæг, «Салдаты» зарæгæн та йæ фæстаг цыппар рæнхъы фæсреволюци дæр ма нæ рауагъта Байы-фырт, Германы цы чиныг рауагъта, уым. Абоны онг æрмæст иуæй-иуты къухты бафтыдис «Салдаты» къухфыст, фæлæ уыцы къухфыст дæр Байы-фырт æмæ уый хуызæттæ нæ рауагътой æнæ ныззыгъуыммæтæ кæнгæйæ. «Салдаты» зарæг æвдыста ладдзахы къазарма æмæ мæ- гуыр кусæг адæймаджы фырты зынвадат цард йе ’фхæрджы- ты къухы. Исчи куы ныммара искуы дæ дарæджы, Чи ма йын райсдзæн йæ туг? Ракæн-иу, ракæ йæ сагъæс дæ хъарæджы, Аргæвд-иу хистæн дæ хъуг! Куыд хъуамæ æмбæрстаиккой адæм Къостайы? Цыфæнды зын цардæн, цыфæнды æфхæрдæн дæр гæдзæ кæн, уымæн æмæ æндæр амал нæй. Ацы хъуыды кæмæн пай- да уыди, уый саби дæр бамбардзæн — уый саста фæллойгæн- джыты зæрдæ æмæ фидар кодта æфхæрæг-мулкджынты цар- ды арæзт. Къостайы къухфыстытæ æрмæст бынтон æрæджы бафтыдысты нæ къухы æмæ æрмæст бынтон æрæджы махæн сæргом сты йæ аивадон мысантæ. Байы-фырт æмæ уый хуы- зæтты къухæй та «Салдаты» зарæг мыхуырæй нæ, фæлæ адæм- мæ къухфыстæй цы рацыд, уым дæр Къостайы хъуыды бын- 26
тон зыгъуыммæ скодта æмæ карз ныхмæлæууындзинадæй фе- стын кодта чырыстон лæмæгъдзинад: Гъе, мæ ныййарæг,—уæд дын æз æрбамæлон, Ма ку, фæуром дæхи. Фенæм уал, фесæфæд сау лæппу цардбæллон, Чи ма дзы айса йæхи! Æндæр гæнæн нæй æмæ сæ нæй хи иуварс айсæн... Ныл- лæууын хъæуы сæ фæндагыл... Цард гæдзæйæн у... Цæуын хъæуы паддзахы æфсадмæ... Ахæм зондыл арæзта Байы-фырт ирон фæллойгæнæг фæсивæды. Æмæ уыдон <кæд уæддæр Байы-фырты хуызæттæм нæ байхъуыстой, уæд уым Байы-фыр- ты лазæй ницы ис: йæ бон цас уыдис, йæхиуыл нæ бацауæрд- гæйæ, уый бæрц бацархайдта, кæй къæбыла уыдис, уыдон фæдзæхст æххæст кæныныл. Къоста та «Салдаты» зарæгæн ахæм кæрон скодта: Гъе, мæ ныййарæг, уæд дын æз æрбамæлон, Ма ку, фæуром дæхи! Фенæм уал, фесæфæд сау лæппу цардбæллон, Чи мæ цы айса — йæхи! Лæмæгъ, зæрдæсæттæг хъарæг, куыд уынæм, афтæмæй уы- ди стыр æфхæрд, æнæкæрон масты æртхъирæн паддзахы хи- цауады ныхмæ! Иронау Къостайы фыстытæ чидæриддæр касти, уыдонæй никæмæй ферох уыдзæн йæ æмдзæвгæ «Ракæс». Йæ рай- дайæн: Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд. Нæ зонын мæ мады рæвдыд... Ацы æмдзæвгæйы Къоста хъынцъым кæны Ирыстоны фыдвадатыл, мæгуыр зæхкусæг адæмæн кæй нæй царды сæй- раг хос — зæхх. Диссаг нæу, Къоста бынтон фæндонтыл кæй нæ загъта йæ зæгъинаг. Фæлæ цы загъта, уый дæр абонты онг Байы-фырт æмæ уый хуызæттæ басусæг кодтой, бамбæхстой. Нæ хæхтæ, нæ тыгъд быдыртæй Æмхуызон нæ иуæн дæр нæй,— Кæм кусæм, кæм цæуæм, кæм бадæм. Ацы æртæ рæнхъы æппæрст æрцьхдысты Къостайы æм- дзæвгæйæ Байььфырт Гаппойы æмæ цензоры «редакцийы» руаджы. Куыд уынæм, афтæмæй æрмæст ныр, æрмæст ацы бонты æргом кæнын байдыдта Къоста, æрмæст ныр зыньга байдыд- та йе ’цæг цæсгом. Къоста мæсты кодта, йæ фыстытæ йын бынтон æндæрхуы- зæттæ кæй ныккодтой, ууыл. Фæлæ цымæ куыд æмбæрста ацы хъуьоддаг Къоста? Байы-фырт æд цензор цæмæ гæсгæ афтæ бакодтой? Уымæн цыбырæй дзуапп дæтты йæ иу нис- мойы, æмæ уыцы фыстæгæй ноджы хуыздæр зыны Къоста. <с...Ну я не оспариваю «Додой», «Катай», «Салдат» и даоке 27
«Халон», а на холопскую его трусость переД совершенно не- винным стихотворением «Азар», а тем более перед тремя стро- ками в предпоследаей строфе стихотв. «Ракæс» я уж никак не могу смотреть без омерзения. Вот такие-то господа, охраните- ли основ и устоев существующего порядка отбивают всякую охоту к хорошему делу. И, если бы они действовали по убеж- дению, ну тогда и бороться с ними не обидно, а ведь видишь, что ими руководит чисто лакейская тактика — получше при- служиться своему барину и получить лишний раз на чаек, и поэтому- то противно с йими и бороться. Их надо покупать, если хочешь, чтобы они были на твоей стороне, или, выра- жаясь более реально: им, как всякому лакею, надо заплатить болыпе, чем он получает у своих господ, и они еще с болыпим рвением будут служить тебе и твоим идеям...» (Цæлыккаты Алыксандры чызг Аннæмæ, 1889 азы, 8 сентябры писмойæ), Цы ма бафтыдæуа ацы характеристикæйыл? Æмæ уæдæ, Къоста цы лакейты кой кæны, уыдон 1917—20-æм азты йæ номæй — мæгуыр адæмы сæрылдзурæджы номæй — сæхи- цæн тырыса кæнынмæ хъавыдысты æмæ сæ контрреволюцион, буржуазон-националистон организаци схуыдтой Къостайы но- мæй. Фæлæ сæ сайд нæ рауад. Фæллойгæнæг адæм — Ирысто- ны кусджытæ æмæ зæхкусджытæ раиртæстой, бирæгъ фысы цармы кæй бабырыди, æмæ уыцы «бирæгъæн» аккаг фесты: Уæрæсейы пролетариатимæ йæ ныппырх, ныддæрæнтæ код- той бынтондæр. * * * «...Дунейы æппæт фысджытæй, чи зоны æмæ 100000-æй иунæджы бон суыдзæн йæ фыстыты йæ зæрды сконды (нату- ра) миниуæгтæ нæ равдисын. Объективон уæвын зын у, цы- фæнды — суанг прозаикон фарстайы дæр, суанг логарифмæйы тыххæй хъуыдыйы дæр...» Афтæ зæгъы Къоста йæ иу фыстæджы. Иттæг раст у, фæ- лæ бынтон раст уæд уыдаид, æмæ ма куы бафтыдтаид — клас- сондзтшад. Йæ ацы хъуыдыйы фæдыл ацæугæйæ, махæн нæ бон у сбæрæг кæнын,— уæдæ кæд Къоста йе сфæлдыстады йæхи натурæ, йæхи зæрдыоконд бæрæг кæны, уæд кæуыл тэы- сти, уыцы зæрдæ кæй фарс уыди? Къостайы «Ирон фæндыр»-ы зарджытæ, йæ ахъаззагдæр фыстытæ — иууылдæр сты мæгуыр цард æвдисæг, мæгуыры сагъæстæ, мæгуыры сæнттæ. «Сидзæргæс», «Мæгуыры зарæг», «Æфсати», «Хъуыбады», «Лæскъдзæрæн» æмæ ахæмтæ райс, уæд се ’ппæты дæр Къоста кæны мæгуыр адæмы мæт,. Раст зæгъын хъæуы, Къоста йæхæдæг фидæны раст фæндæгтæкæм нæ уыдта, уым йæ бон дæр не сси ирон мæгуыр адæмæн уыцы фæндæгтæ бацамонын. Фæлæ йæ зарджытæ, кадджытæ, йе ’гас куыст стыр дзæнгæрæгау йæ заманы æрыхъал кодтой ирон мæгуыр адæмы. Уыдон сæ цардмæ æдзыиæгдæр кæсын байдыдтйй æмæ уый фенцондæр кодта ирон фæллойгæнæг адæ- мы æппæт Уæрæсейы пролетариаты змæлды бацæуыны хъуыд- 28
даг. Æмæ уæдае уыйадыл ис Къостайы схонæн пролетарон ре- ^волюцион фыссæг, социалистон царды тырыса? Нæ, æппын- дæр нæ. Мах Къостайы уый тыххæй бæрзондмæ исæм, æмæ, æппæты фыццаг, уый у ирон адæмы бæрæг историон заманы ахъаззаджы æвдисæг. Паддзахы заманы чысыл адæмтæ се сæфтмæ куы æрцыдысты, уæд æппæт ирон адæмы æхсæн æр- мæст Къоста бафæрæзта афтæ хъæрæй зæгъын йæ рыстытæ. Уый æппæты разæй йæ фыстытæй загъта, ирон адæммæ дæр цы культурон фæрæзтæ ис, уый. Уыцы зонд та йæ фæдыл æн- дæр зонд кодта,— цæмæй уыцы культурон фæрæзтæ рæзой, уый тьтххæй цардæн хуыздæр фадат кæнын хъæуы, фæллой- гæнджыты уæгъд кæнын хъæуы сæ эксплотацийæ. Къостайы фыстытæ бакæсгæйæ, мах сбæрæг кæндзыстæмг цас дæрдтæм ацыдыстæм нæ фыдæлты заманы цардæй æмæ нын цы стыр хорздзинæдтæ радта Октябры революци. Абоны бон дæр нын стыр æххуыс фæуыдзæн, Къоста цы заманы, цы историон фæлтæры æмæ цы уавæры цардис æмæ куыста, уый куынæ рох кæнæм æмæ куы æмбарæм;, уæд. Фæстагмæ анало- гийæн ис æрхæссæн, уырыссаг стыр фыссæг Л. Н. Толстойæн В. И. Ленин цы аргъ кодта, уыимæ. «И противоречие в взглядах Толстого надо оценивать не с точки зрения современного рабочего движения и современного социализма, (такая оценка, разумеется, необходима, но недо- статочка}, а с точки зрения того протеста протиз надвигающе- гося капитализма, разорения и обезземеления маос, который должен был быть порожден патриархальной русской дерев- ней». Æмæ дарддæр: «Толстой отразил наболевшую ненависть, созревшее стрем- ление к лучшему, желание избавиться от прошлого и,— незре- лость мечтательыости, политической невоспитанности, револю- ционной мягкотелости». (В. И. Ленин. Толстой как зеркало русской революции). Афтæ зæгъæн ис Къостайæ дæр. Йæ заманы фыд-заман æмæ хуыздæр фидæнмæ тырнындзинад, политикон æгъдауæй æнæхъомыл æмæ революцион фæлмæндзинад ис йæ цард, йæ фыст, йæ куысты. Фидæн бæлвырд не ’взæрста йæ заманы сау мæйдары, фæлæ, рухс фидæнмæ бæлгæйæ, зарыд йæ зарджы- тæ, тох кодта йе знæгтимæ. Къостайы дард фидæн — мах абоны цард у. Æмæ уымæ гæсгæ 1\хах абон дæр хионыл нымайæм Къостайы. Цæмæй мах дæр нæ сомбон рæвдздæрæй аразæм æмæ, социализм аразын чи къуылымпы кæны, уыдон хуыздæр æвзарæм, хуыздæр дæ- рæн кæнæм, уый тыххæй нын æххуыс уыдзысты Къостайы зарджытæ, Къостайы куыстытæ равзарын дæр. Не ’рттивгæ стыр заманы Къостайы мах нæхиоиыл уымæн дæр ыымайæм, æмæ кæд нæ уыдта мах рæстæг, кæд йæ зама- ны нæ бамбæрста кусæг æмæ мæгуыр зæхкусæг адæмы тохы фæндæгтæ, уæддæр, уыцы фæндæгтыл араст уæвгæйæ, уыи ссардта йæ кæрон,— хæстоны кæрон. ’ 29
Иу бон æгъгъæд у мысынæн, Иу бон кæндзыстут мæ дзырд, Уый фæстæ ферох уыдзынæн,— Ничиуал зондзæн мæ цырт. Къоста КЪАДЗАТЫ СТАНИСЛАВ КЪОСТАЙЫ НОМЫЛ Къостайы номыл ис уынгтæ, Ис хъæу, колхоз, Ис парк, театр, нау, Ис скъолатæ, музей, Ис университет, Сæйрагдæр та — Къостайы номыл ис ЗÆРДÆТÆ, Сты Рæстдзинадæн нывонд! 30 "
Æз мæ дзырдæй базар никуы кодтон, стæй мæ иу рæнхъы тыххæй дæр æхца никуы никæмæй райстон. Æз æдзухæй дæр рæстытæ дэырдтон, уымæ гæсгæ мæм ныр- тæккæ иунæг сау капекк дæр нæй. Къоста МАРИЭТТÆ ШАГИНЯН ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТА-ПУБЛИЦИСТ Мариэттæ Шагинян у зындгонд советон фыссæг, литературæ- иртасæг æмæ дæсны публицист. Йæ бирæвæрсыг курдиатæн æв- дисæн сты, цы дзæвгар сфæлдыстадон бынтæ ныууагъта, уыдон. Йæхицæй фæллойуарзагдæр нæ уыд, зæронды бонмæ йæ фыссæн- сис йæ къухæй нæ ахауд. Къостайы тыххæй цы стыр сæрмагонд уац ныффыста, уый; мыхуыр кæнæм æхсæнмæ ’хсæнты цыбыргондæй. I Газетон публициегикæйæн дæр ис йæхи классикæ. Хетæг- каты Леуаны фырт Къостайы уацхъуыдтæ æмæ фельетонтæй нæ бон у зæгъын, уыдон æцæг классикон сты, зæгъгæ. Кæсæг дзы æрмæст цымыдисаг хабæрттæ æмæ ивгъуыд æнусы нæуæ- дзæм азты историон цаутæ нæ базоны, фæлæ, иугæр йæ зæрды газеты кусын ис, уæд дзы ахуыр кæны бæрзонд дæсныйады цæвиттонтыл. Уымæй æддæмæ ма æвдисæн сты, газетон куы- сты алы хуьгзтæ куыд рæзыдысты, уымæн. Æмæ иттæг ахъаз у сæ методологон ахадындзинад дæр. Æстайæм азты, Къоста газетмæ фыосын куы райдыдта,- уæд публицистикæйы уыд дыууæ скъолайы — иу уырыссаг журналистикæйы фæлтæрддзинад,, иннæ ныгуылæн европæйаг фельетоны жанр. Фæлæ куыдфæстæмæ афтæ иударон систы, афтæ иугæндзон сæ пайдагонд цыдис, æмæ баихсыдысты, кæ- сæгыл æрхæндæг æфтыдтой. Къостайы æрмдзæф фыццаг æр- кастæй парадоксалон у. Æмæ æцæгдæр: Къоютайы хуызы га-- 31«*
зетмæ æрбацыд стыр æмæ алы курдиæттæй хайджын сфæлды- стадон кусæг: ахорæнтæй нывгæнæг; дзырдæй нывгæнæг; аив циу æмæ дзырды технологи циу, уый арф æмбарæг; уымæй дарддæр драматург, диалог æмæ ситуаци йæ бæрны кæмæн уыдысты, ахæм; æмæ ноджы артист, аивады цардæгас формæ- тæ чи æнкъардта, ахæм,— мимикæйы, интонацийы, уæнг- змæлды. Æмæ фенхъæлæн уыд, зæгъгæ, уый газетон уацты фемеæлдзыстæм нывгæнæгыл, поэтыл, драматургыл, фембæл- дзыстæм сыгъдæг артистон дунеæмбарынадыл æмæ дунемæ нывгæнæджы цæстæй кæсæгыл. Æцæгдзинадæй та йын ис цыбыр æмæ хуымæтæг æвзаг, иттæг кадавар æмæ æлвæст формæ, хъуыды метафорон нæу, фæлæ комкоммæ, æнæ уæл- дай ракæ-бакæйæ хоны хатдзæгмæ, фæлгонцтæ аразыны бæс- ты равзæрста логикæ — иу ныхасæй, Къостайы фыстыхъæды ратæдзæнтæ ссарæн ис Чернышевский æмæ суанг Белинскимæ дæр. Æмæ уымæй Къоста уыдоны скъолайы хуымæтæг минæ- вар нæу, фæлæ у газетон публицистикæйы стырдæр æмæ хуыздæр сфæлдисджытæй иу. Йæ уацхъуыдтæй иу дæр, суанг йæ тæккæ лæмæгъдæр æмæ æнарæхстдæртæй дæр, ахæм нæй æмæ ныр дæр ма чи базæронд. Иумæ æмбырдгондæй нын æв- дисынц Къоста — адæймаджы, Къоста — гражданины царды хъуыддаг. Уый цæхгæрæй, хъазуатонæй, хъуыддагхуызæй дзуапп лæвæрдта йе ’мдугон цаутæн, йæ поэтикон «миддунейы хъузджы» нæ бамбæхст иппæрдæй, фæлæ уыд бæлвырд æхсæ- надон гуылфæны æмæ алы мадзæлттæй архайдта уыцы æхсæ- над фæхуыздæр кæныныл, йæхи æддæссонд нæ кодта историон лроцессæй, арæзта йæ царды æцæгдзинадмæ хæстæгдæр, зондджындæр фæндаджырдæм. Къостайæн цардвæндаджы бирæ уавæртæм гæсгæ йæ бон нæ уыд марксист уæвын. Уæдæ æххæст материалистон дуне- æмбарынадыл хæст уыд, зæгъгæ, уый дæр нæ бон нæу зæ- гъын. Хæдхæцæг паддзахады^. æфхæрд адæмы хъæбул, уый-иу хатгай йæ публицистикæйы фаг аргъ не скодта Казказы хо- хæгты æхсæн кълассон ныхмæвæрддзинæдтæн (кæд уый фæ- стæ йæ уац «Мидæгон знæгты» уыцы хъуыддаг раст равдыста, уæддæр), цас æмбæлд, уымæй кадджындæр кодта «адæмон» иудзинад æмæ æнæкълассон демократи, хатгай-иу æгæр табу кодта дин æмæ фыдæлты æгъдæуттæн, афтæм,æй та æргом кълассон гакк хастой. Зæгъæм, ирæды тыххæй. Къоста идеоло- гон æгъдауæй чи у, уымæй йæ «фидардæрæй» æвдисыны сæр æппындæр никæцырдыгæй хъæуы, ахæм уæздандзинадæй йын йæ зæрдæ нæ балхæндзыстæм, фæлæ ма йæ цæсты бафтау- дзыстæм. Уымæн æмæ Къоста йе ’рдзон историон лæмæгъдзи- нæдтимæ — удæгас адæймаг Къоста æмæ йæ историон хъуыд- даг афтæ стыр сты, афтæ æцæг сты, афтæ хæстæг сты махæн, уый бæрц ахсджиагæй ахадынц ирон æмæ æппæтбæстæйон со- ветон культурæйыл, æмæ сæ никæщлрдыгæй æмбæлы æртти- вын кæнын, Къоста цæмæй марксистæй агæпп ласа, ууыл ар- хайын. Æгъгъæд у æрмæст иунæг хабар дæр, æмæ Къоста, 32
буржуазон националистты æхсæн цæргæйæ æмæ кусгæйæ, уьь „доны минæвæрттимæ æмгуыстгæнгæйæ,— зæгъæм, куыд Байа- ты Гаппоимæ,— Къоста йæ публицистикæйы мисхал дæр на- ционалистон тенденцитæм хæстæг нæ бацыд. Уый кæддæрид- дæр, Кавказы адæмты сæрхъуызой уæвгæйæ, уыд интернацио- налист, æмхуызон æнауæрдон тох кодта кæсгæтты, цæцæй- нæгты, лезгинты æмæ ирæтты æфхæрджыты ныхмæ, хъахъ- æдта сын сæ бартæ, уыимæ иттæг хорз зыдта сæ алкæй хи- цæндзинæдтæ дæр, сæ экономикæ æмæ, хъуаг цæмæй æййæф- та царйы сæ алчидæр, уый. Къостайы публицистикæ йæ арф революцион демократизмæй, æдæрсгæ логикæйæ, рæстдзина- ды культæй, æнæуæлдай бибитæ дзы кæй нæй, уымæй тынг хæстæг лæууы болыпевикты газетон куыстмæ. У газетон пуб- лицистикæйы ахæм классикæ, мыхуыры нырыккон райдайгæ кусджытæн æнувыдæй фæзмын æмæ ахуыр кæнын кæй æм- бæлы. Ацы разныхасы фиппаинæгты фæстæ не ’ргом аздахæм Къостайы публицистикæйæн комкоммæ йæхимæ. II Бъшæцмæ гæсгæ Къостайæн æппæты фылдæр уацтæ ныф- фыссын бантыст 1896 æмæ 1901 азты, æппæты тынгдæр та йæ курдиат сæрттывта 1897 æмæ 1899 азты — уæд ныффыста йæ хуыздæр куыстытæ: ’ «Рагагъоммæ» æмæ «Цæгат Кавказы тыхстытæ». Æмæ уый хуымæтæджы нæу. Къоста фыццаг хатт Терчы вылдæй хасты уыд 1891 азæй 1895 азмæ, дыккаг хатт та 1899 азы Херсонмæ. Æмæ-иу хастæй куы сыздæхт, уæд-иу йæ.пуб- лицистон архайд йæ тæмæны бацыд. Уый ууыл дзурæг у, æмæ-иу Къоста æфхæрд куы баййæфта, уæд-иу уымæййæуæнг- тæ нæ базгъæлæнтæ сты, йæ зæрдæ-иу нæ амард, фæлæ-иу йæ адæмы сæраппонд ноджы хъазуатондæрæй тох самадта, нæ-иу систа йæ къух газетон куыстыл дæр. Уый нæ, фæлæ ма уæд иоджы æнувыддæрæй дæр архайдта. Къостайы удыхъæд бам- барынæн ацы хабар стыр ахъаз у. Хасты-иу чи фæцис газетон кусджытæй, æфхæрд-иу сæ чи баййæфта, уыдонæй-иу дæсгай адæймæгтæ куыдфæндыйы цæстæй акастысты æхсæнадон ар- хайдмæ, баныгæдтой-иу оæ публицистон дæсныйад æмæ-иу æдасдæр, æдыхстдæр куысты уæлхъус æрлæууыдысты. Чи сæ аивадон жуыст кодтаид, чи педагогоы, чи цы... Кæд хастытæ Къостайы физикон æмæ моралон æгъдауæй хъизæмайраг код- той, уæддæр ын йæ ныфс нæ састой, хицæнхуызы скъола йын уыдысты æрмæг æмбырд кæнынæн, уæлдайдæр фыццаг хаст. Куы сыздæхт, уæд Къоста уацхъуыдтæ фыссын райдыдта газет «Цæгат Кавказ»-мæ — уый цыди Стъараполы. Раздæр уал дзы ныммыхуыр кодта уацхъуыдтæ Владикавказæй («Вла- дикавказ», «Владикавказаг писмотæ» æм^æ а. д.), стæй, Стъа- раполы куы æрцард^ уæд йае бæрны уыд горæтм хроник^е — 3 Мах дуг № 10 33
фыста йæ цымыдисаг литературон формæйы, юмористикок «реэюйы» хуызы. Кæд уыцы азты Къоста йæ æргом алыхуы- зон фарстытæм дæр здæхта, уæддæр ын сæйрагдæрыл нымад уыд «Кавказы уагæвæрды» фарст. Кавказы ивгъуыд цард, хæдхæцæг паддзахады политикæ, хохаг æхсæнады рæзт кæд искæй базонын фæнды, уæд уымæн Къостайы уацтæ уыдзысты агургæ æмæ æнаргæ ахсджиаг æр- мæг. Ам историк, этнограф, политик, экономист сæхицæн ссар- дзысты бæлвырд дзуаппытæ, ахадгæ цæвиттонтæ. Къоста йæ хъус дардта Кавказы фæткæвæрды алы фарстытæ æмæ проб- лемæтæм, уымæй дæр лæууыд ахæм адæймаджы позицитыл, бынæттон уавæртæ, хуыздæр зæгъæн нæй, афтæ чи зоны; кав- казаг адæмты историон хицæндзинæдтæ æмæ сæ царды хъуæгтæ хæстæг æмæ æргом кæмæн сты; уый уыдта æмæ æм- бæрста Кавказы мидæг хæдхæцæг паддзахады фыдракæнды политикæ, чиновникты æгæрон гуымирыдзинад, фыццаг æр- цæуæг капиталисттæ тугдзыхтæ кæй сты, уый — уыдон фæхæ- лоф кодтой Кавказы æрдзон хъæздыгдзинæдтыл, æгъатырæй æлдариуæг кодтой кусæг адæмыл. Къостайы уæндон фыссæн сис æнаипп лс^гикæйы фæрцы хурмæ хаста адæмы æфхæрджы- ты хъуыддæгтæ, æвдыста айцæгдзинад, æргом кодта, æцæг ах- хосджын чи у, уыдоны. Æмæ йæ хатдзæгты æвдыста, хицæн адæймæгтæ æрмæст æдзæллаг уавæрæй кæй пайда кæнынц, хъуыддаг та уый мидæг кæй ис, æм,æ Кавказы æппæт хицау- иуæгдзинады фæткæвæрд дæр галиу кæй у. Уыцы къорд уа- цæн сæ номхæссæн рауад йе стыр публицистон фæллой «Цæ- гат Кавказы тыхстытæ» —1899 азы йæ цыппар номыры рауагъта газет «С.-Петербурджы ведомосттæ». Ацы уац кæсгæйæ бар-æнæбары дæхи бафæрсыс: Кавка- зы мидæг хæдхæцæг паддзахады политикæйы ныхмæ ахæм дæсны фыст уац куыд хуызы бантыст Къостайæн мыхуыры рауадзын, ноджы ма йæхæдæг «паддзахадон фыдгæнæг» уæв- гæйæ? Æмæ ма йæм æрмæст ныффыссынмæ йæ ныфс куы ба- хастаид, æрмæст йæ ныммыхуыр кæнын ын куы бантыстаид^ фæлæ ма, уацы руаджы йæ цы фæндыд, уый дæр йæ къухы бафтыд — уæлдæр хицауады апп-уппы систа, сызмæста сæ, сæ сæр сын сæ кой скодта. Газеты редактор Ухтомский Къоста- йæн дзырдта (уыцы ныхæстæ Къоста йæ писмойы Цæлыккаты Алыксандрæн фæзмыдта): «Бæстæ нæ сæрыл систам нæ уа- цæй... Хæлофæй йæ кæсынц... Æндæр ныхас нал ис... Куропат- кин мæм йæ адьютанты æрбарвыста... Министры маст, дам, рафыхт... Ахæм æнæхъола уавæрæн, дам, дарддæр быхсæн нал ис... Тæккæ ацы сæрды сæрмагонд къамис арвитдзысты, цæ- мæй, Терчы зылды цыдæриддæр цæуы, уыдон бæлвырдæй бæ- рæггонд æрцæуой... «С.-Петербурджы ведомосттæ» цы фыс- сынц, уымæн кæд æрмæст йæ сæдæйæм хай дæр æцæг рауайа, уæд уый дæр, баууæндæн кæуыл нæй, ахæм æвирхъау уаврер у...» Иугæр Къостайы уацæн ныммыхуыр кæныны фадат ра*. 34
зьщд æмæ уайтагъддæр хъуыддагæй дзуапп расайдта, уæд уый Къостайы публйцистикæйы хицæндзинæдтæй аразгæ уыд — "Чернышевскийы фыстыхъæдмæ йын хæстæг лæууыд: уый дæр сау фыдазты арæхст судзаггаг фарстытыл мыхуыры дзурын, уыдонмæ æхсæнады æргом здахын; Къостайы æрмдзæф хион уыд болыпевикты газетон куысты стиль æмæ характерæн— уыдон дæр арæхстысты, паддзахы цензурæйы цæлхдуртыл ахизгæйæ, сæ уæндон ныхас мыхуыры рауадзынмæ. Æмæ уæдæ иннæты æхсæн цавæр хицæцдзинæдтæй бæрæг дары ахæм публицистикæ? Алы æппæрцæг хъуыддаг дæр адæмы смæстджын кæны. Фæлæ уый тыххæй бирæ хуызты ис фыссæн. Куыд нæ уыд уæды рæстæджы дæр дæсны газетон кусджытæ- Æрмæст-иу фылдæр хатт сæ фыстытæ хæдхæцæг паддзахад æрдумæ дæр не ’рдардта — ]раст-иу хъуыддаг, Крыловы æмбисонды куыд у, афтæ рауад: «Васькæ та хъусы æмæ хæры». Къоста цы публицистикæйы скъоламæ хауд, уый мæл- гъæвзагæй нæ дзырдта, цъæлхъæр æмæ йын алы къæбæлдзыг ныхæстæ æцæгæлон уыдысты. Хуымæтæг æвзагæй сæ хъуыды- тæ кæрæй-кæронмæ кæрæдзиуыл æнгом бастой, цы хъуыддаг сын-иу сызмæста сæхи удтæ, уый-иу хъуамæ æнæрынцой скод- таид кæсæджы дæр, кæд-иу публицист йæхи зæрдæйы уавæры кой нæ кодта, уæддæр. Хъуыддаг бæстон зонын, йæ радзурын- мæ сарæхсын, хъуыддаг цæмæй йæхæдæг йæхиуыл дзура, уы- мæ сарæхсын (уый фæдыл дæхи æнкъарæнтæ фæсвæд фæуадз- гæйæ), дæхирдыгонау психологон клише саразын æмæ уымæй дæ кæсæджы зонд æмæ æнкъарæнтæ агайьш — гъе, уый уыд Къостайы публицистикæйы фыццаг хицæн миниуæг дæр. Ууыл сахуыр стыр уырыссаг революцион демократты скъо- лайы, Чернышевский æмæ Добролюбовы сфæлдыстадон æрма- дзы. Къоста цы хъуыддæгтыл фыссы, уыдон цас сты, уымæ ма æркæсæм: фыссы хохаг «иварон æхцатыл», кæмтты хъæд кæй быгъдæг кæны, ууыл; цæцæн, ир æмæ уырысæн зæххы гæп- пæлтæ куыдæй дихгонд цæуынц, ууыл; стъарапойлаг про- мышленнон кусæндæтты фæллойгæнджыты уавæрыл; украи- наг лигъдæтты хъысмæтыл; Ирыстоны хъæууон • ахуыргæн- джыты уавæрыл; ’ Кавказы фæндæгты тыххæй æмæ ма бирæ æндæр бæлвырд фарстытыл. Се ’ппæт дæр кæсæджы раз сыс- тынц цæстуынгæйæ, сæ политикон æмæ историон проблемати- кæйы, сæ вазыгджын æрфытæ сын басгары, кæд дзы æппын- дæр авторы ахаст бæрæг нæу, уæддæр. Авторы ахаст, уый цæ- стæнгас, йæ адæмы æмдугон кæй у, уый Къоста æвдисы, факттæ цы хуызы æргом кæны, уымæй — ныхасы сæрæн цы æвзары æмæ йæ кæсæгæн дæр ныхасы сæры аккаг куыдæй схонын кæны, алы фактæн дæр йæ гуырæнтæ æмæ йæ цæуæн- тæ куыд сбæлвырд кæны, йæ кæсæджы аккаг хатдзæгмæ куы- дæй æрхоны, уымæй. Æмæ хъуыддаг хурмæ .куы рахæссы, йæ гамхуд ын куы сисы, кæсз^г куы бамбары, «куыдз кæм ныгæд 35
ис», уый — уæд Къоста дæр йæхи авторон хъуыдыйæн фæндаг ратты куы риторикон фарстайы хуызы («Æмæ уæд куыд кæн- гæ у туземон цæрджытæн?», «Æцæг афтæ уа?» æмæ а. д.), кæ- нæ та, цитатæтæ кæмæй хæссы, уыцы ныхмæлæууæгимæ по- лемикæйы бацæугæйæ. Факттæ уыцы хуызы иртасгæйæ,— уый æппындæр хуымæтæг информацийæн ницы бавæййы! — алы фарстимæ кæсæг дæр проблемæйæн йæ истори базоны, Кавказы уагæвæрдты системæимæ бæстонæй базонгæ вæййы.. Зæгъæм, хохаг иварон æхцаты хабар. Закъонмæ гæсгæ сæ нысан уыд, цæмæй уыдонæй хохæгты иумæйаг культурон до- мæнтæ æххæстгæнгæйæ пайдагонд цæуа (кæй зæгъын æй хъæуы, уый растыл банымаинаг уынаффæ уыд), фæлæ... Къо- ста сбæлвырд кодта, уыцы æхцатæ куыд æрбасатар вæййынц, куыд хыгъд дæуы сæ фæлхас, бæрнон сын цы адæмы равзары æхсæнад йæхæдæг, уыдон чиновникты дæлбар куыд свæй- йынц, чиновниктæ сæ куыд стигъынц, æппæт уыдæттæ. Фыц- цаг бакастæй цыма ницы ахæм ахсджиаг фарст у, фæлæ йæ Къоста цæггай куы райхалы, уæд сæргом вæййы æппæт адми- нистративон системæйы цæсгом дæр. Йæ царды дæргъы Къо- ста рохуаты нæ ныууагъта ай æмæ ма æндæр «лыстæг» ха- бæрттæ дæр. Йæ газетон куыст куы райдыдта, уæд фыста Кав- казы сæрсæфæн фæндæгты тыххæй. Æмæ та йæ царды кæрон, æгъатыр низ æй куы сбынæйкæнинаг уыд, уæддæр та раздæхт ацы фарстмæ æмæ къаннæг уац ныффыста: «Кавказы хæх- ты фæндæгтæ». Æвдисы дзы, зымæгон фæндæгтыл хохæгтæ цы хъизæмæрттæ æвзарынц, цы бæллæхты бахауынц, æд бæх, æд уæрдон, æд ласинаг куыд бабын вæййынц, уый æмæ фæр- сы, фæндæгтæ аразынæн цы иварон æхцатæ хайгонд вæййынц, уыдон кæм сты, зæгъгæ. Исты фарстыл куы фыссай, уæд хъуамæ бæстон-бæлвыр- дæй зонай, уый тыххæй ма æндæр чидæртæ дæр цы хъуыды ’кæнынц, уыдон та йæм цы хуызы бацæуынц, уый. Къоста ит- тæг дæсны уыд цитатæтæ хæссынмæ, уыд иттæг гæрзармджын полемист. Йæ тæккæ тыхджындæр æмæ ирддæр уацтæ «Рага- гъоммæ», «Цæгат Кавказы тыхстытæ», «Владикавказаг писмо- тæ» арæзт сты арæхстджынæй æмбырдгонд цитатæты бынду- рыл. Бахъæугæ сахат йæхи нæ тигъ кæны, бæрнон куоæгæй æнæнхъæлæджы цы айхъуысы, ахæм дзырдыл; политикон гуырымыхъы ныхæстыл; æрхæссы дæнцæгæн стыр æхсæна- дон архайæджы раныхасæй скъуыддзаг (дзырдæн, А. Ф. Ко- нийæ — зындгонд юристæй); суанг ма искæй телеграммæйæ дæр фæпайда кæны. Ахæм афæлгæсты руаджы Къоста иу- мæйаг хатдзæгтæм æрцæуы — стыр дæсны уыд уымæ, никуы æмæ никæд уыдысты йæ хатдзæгтæ æнæбындур, æнæмбæлгæ развæлгъау. 1897 азы хæдхæцæг паддзахады суанг амæй ай реакцион- дæр адæймæгтæм дæр бахъардта, Цæгат Кавказы æнæрай уа^ вæрæн дарддæр быхсæн кæй нал ис, уый — паддзахы полити-- ка^ фæсьщк. Хохæгтæ æд бинонтæ хæхты цъассытæм лыгъды- 36
сты, цыдысты æндæр бæстæтæм, йæ цæрæнбынаты-иу чи баз- зад, уыдоны та æфхæрæг экспедицитæ бындзагъд кодтой æнæ- хъæн хъæугай, экзекуциты фæрцы <;æ сæ боны фыддæртæм тардтой — æфхæрæг æфсады къорд-иу цалдæргай мæйтæ хъæуты цард цæрджыты хардзæй. Хæдхæцæг паддзахæн гæ- нæн нал уыд æмæ фæсаст, цыдæр ивддзинæдтæ кæй æрцæу- дзæн, уый дызæрдыггаг нал уыд. Уыцы историон сахат Къо- ста ныффыста йæ уац «Рагагъоммæ». Дих у æртæ хайыл: фыццаджы ныхас цæуы, Кавказмæ капитализм куыд баир- вæзт, ууыл. Дыккаджы — Кавказмæ механикон æгъдауæй ба- рады æмæ тæрхонгæнынады фæткæвæрдтæ ’куыд хаст цыды- сты, уый тыххæй. Æртыккаг хайы автор æвæры Кавказы æп~ пæт хицаудзинады проблемæ, критикæгонд дзы цæуы хæдхæ- цæг паддзахадон уагæвæрд. Къоста тынг хиуылхæцгæйæ райдайы йæ уац, ноджы, фыц- цаг бакастæй уыйбæрц вазыгджын чи нæу, ахæм фарстæй — Кавказы культурæйы кусджытæй. Æмæ рахизы, æрцæуæгка- питалисттæ Кавказы адæмты куыд æдзæсгомæй стигъынц, уы- мæ. Ныр кæсæг бар-æнæбары йæхи фæрсы: «Ау, æмæ закъон та цы мигæнæг у, куыд нæ хъахъæны адæмы уыцы тугдзых стигъджытæй?» Æмæ уæд Къоста дæр уыцы фарстæн дзуашг дæтты, тæрхондоны хъæддаг митæ æвдисгæйæ. Уголовон ко- дексæй механикон хуызы Кавказы бынæттон уавæрты куыд æвæхъолайæ пайда кæнынц, уый — тæрхоны лæгтæ »нæ 6ы- нæттон цæрджыты æвзаг зонынц, нæ сæ фыдæлты æгъдæуттæ, тæлмацгæнджытæ сты къуыдиппытæ æмæ æнахуыргонд. Иу дзырдæй, бæлвырд барады æм,æ закъоны бæсты гуымиры хи- вæцд тæрхоны лæгтæ, куырмæлхьшцъытæ, арвистон. Æмæ та кæсæг бар-æнæбары дисы бацæуы: «Ау, æмæ уым хицауад нæй, уый та куыд быхсы ахæм уавæрæн?» Къоста дæр та дзуапп дæтты, Кавказы хицаудзинады æмбыд системæмæ ху- ’ры рухс саразгæйæ, Æмæ уыцы иугæндзон кæсæджы цæсты- ты раз лæууы хохаджы сурæт — капиталисттæ йæ стигъынц,. тæрхондон æй рæстудæй æфхæры, хицаудзинад æй ссæнды. Æрхъула йыл кодтой алырдыгæй, иуырдæм ын аирвæзыны амал нæй. Аявадон рæсугъддзинæдтæ æмæ дзы лирикон цъæлхъæртæ кæй нæй, бæлвырд хатдзæгмæ дзы æнæ ’рцæугæ кæй нæй, уы- мæн афтæ тыхджын агайы ацы уац кæсæджы зæрдæ, фыцын. ын кæны йæ маст. III Раздæр куыд загътон, афтæмæй Къоста Стъараполы куыг æрцард, уæд ын газет «Цæгат Кавказ» йæ бæрны бакодта го- рæты цардыл хроникæ дæттын. Цæмæй Къоста-публицисты хуыздæр базонæм, уый тыххæй нæ лæмбынæгдæр æркæсын бахъæудзæн ацы хуымæтæг уацхъуыдтæм дæр. Зæгьæн ис: уый, æмæ сæ тынг зæрдиагæй æмæ зæрдæрайгæйæ кæй фыста^ 37
Æрмæст иу афæдзмæ —1896 азы — ныммыхуыр кодта цып- пæрдæс афæлгæсты горæты цардыл. Уыдон кæсгæйæ дисы бацæуыс, абон дæр ма кæй нæ базæ- роцд сты, сюжетон радзырдтау дын æхсызгон æмæ цымыдиоаг кæй сты, уый фæдыл. Ног у сæ формæ, нæй дзы ихсыд дзырд- бæстытæ, æнæхъуаджы хъынцъымтæ, се ’мдзаг сты зæрдæхæ- лардзинадæй, рæстдзæвин цыргъ ныхæстæй. Нæ цæстыты раз сысты уæды провинциалон Стъарапол. Хæдзары æфсинтæ, сæ рæстæгыл «ауæрдгæйæ», æхсæндæттæ балкъонæй уынгмæ сæххæтт кæнынц. Хъалагъуртæ изæры фа- раст сахатыл сæ дзæнгæрджытæ хойынц, афтæмæй адæм ныр- ма уынгты æмызмæлд кæнынц. Гъа, цъиузмæлæг куы нал вæййы, уæд уыдон дæр сæ кæрцыты мидæг адджын фыыæй кæнынц. Горæтгæрон байгом ног бæгæнынуазæн^— «Пивная, ах!» — тынгдæр та йыл сфидауид æндæр ном: «Пивная — ка- раул!» Чидæр йæхи амарынмæ хъавыд, хæсгардæй йæ хурх ачъепп кæнгæйæ. Туркаг дзулфыцæны хыссæ змæнтынц, сæ къухтæ кæм цæхсынц, уыцы донæй. Æмæ ма бирæ æндæр ха- бæрттæ Къоста алы хатт дæр æвдисы ног хуызы — æвидигæ сты йæ гæнæнтæ, йæ авналæнтæ. Гыццыл ма йæм куы базыл- даид, уæд йæ фельетон «Цардыуаджы ахæст» журналистон фа- культеты ахуыр кæнычмæ бæззы йæ хæрзарæхсты тыххæй. Цалдæр ныхасы ма, Къоста чингуытæ æмæ спектакльты тыххæй цы рецензитæ ныффыста, уыдоны фæдыл. Кæд æм ахæмтæ бирæ нæй, уæддæр тынг хæрзхъæд фыст сты. Мостов- ский географийæ ахуыр кæнæн чиныг ныффыста æмæ йæ’ Къоста критикæ кæны, дзæвгар рæдыдтæ дзы бацамыдта. Йæ театралон рецензитæ бакæсын нырыккон драматургтæн дæр пайдайы хос уыдзæн, уымæн æмæ йæ фиппаинæгтæ профес- сион æгъдауæй æнаипп сты. Къостайы стыр æмæ трагикон цардвæндаг йæ кæронмæ æр- бахæстæг. Ирон адæмы цытджын хъæбул сындæггай тад. Фæ- лæ ма мæлæтдзаг рынчынæй дæр уый йæ адæмы иузæрдион хъæбулы къухæй фыста автобиографион стыр уац «Особа» — кæуылты у йæ этнографион æмæ историон ахадындзинад, кæ- уылты... Йæ адæмы æгæрон уарзтæй кæй уарзта, уый тыххæй Къо- ста у национ æмæ æппæтадæмон культурæйы сæраппонд æцæг тохгæнæг, стæй у, абон мах, æфсымæрон адæмтæ, хæла- рæй кæм- цæрæм, уыцы æхсæнады барджын уæнг. 1940 аз, 14 октябрь )
...Æхсины лæг йæ бæстæй дæр Нæ ауæрды мæнг дзурыныл. ...Æхсины лæг, фыдызнагау, Арт бандзары йæхионыл. Къоста ДЖЫККАЙТЫ ШАМИЛ ФЕМБÆЛД КЪОСТАЙМÆ Нырыккон фантази Æз ацыдтæн нæ хæдзарæй тыхстæй,— Мæгуыр поэт хæдзардарæг нæ вæййы. Æвдадзы хосау агуырдтон æнцой Æмæ зылдтæн æдзæрæг кæмтты дысон. Æрцыд мыл диссаг Джинаты. Кæсын, Цыдæр фæндаггон иу дуры сæр бады. Уыд æхсæв ирд, мæйрухс, æмæ уыдтон: Йæ худ — лæзæрд, йæ цъæх цухъа — бызгъуыртæ.. Æдзæмæй бæлццон донфыцæнмæ каст, Уыди фæллад, фæлмаст æмæ æрхæндæг... Кæсын æм æз... О, стыр хуыцау! — Къоста! Мæ разы бады Хетæджы-фырт дурыл. Æркъул кодтон поэты раз мæ сæр, Æрæджиау æм бафæрæзтон дзурын. Уый фестъæлфыд, ныккæрзыдта,—бæлвырд, Уый радта дзуапп мæ арфæтæн хъæрзынæй. Æз æй фæрсын: «Нæ сæрхъуызой, нæ зæд, Цæмæн дæ ам? Цы дыл бафтыдта катай? Кæнæм дын цыт, дæ рухс бынат — сыгъдæг, Цæуынц дæ цыртмæ кувæндонау адæм». З^
Лæууын æнцад. Ныуулæфыд Къоста, Йæ сау цæстыты ферттывта цыдæр зынг... Зæгъы: «Хъысмæтæй ирвæзæн хос нæй, Мæнæн фыст у мæ нывыконды удхар. Нæй удæнцой мæ иунæг сæрæн! Мæн Æхсины лæгтæ бадомдтой уæлæуыл, Мæрдты дæр та мæ цуры сты, мæрдты, Сæ сау митæй мæ баппæрстой зындоны. Кæнут мын цыт — бæгуы зæгъыс! Мæнгард Мæныл нывæнды кадвæлгъауæй зарæг, Йæ адæм сомыл чи баивдзæн, уый Фæзмы бæрзонд трибунæйæ мæ дзырдтæ. Поэты хорз ном чи кæны æгад, Тæппуд чи у, козбау æмæ фæсдзæуин, Сынтау кæмæн у нард холы нæ Ир, Хæссы гъе уый цыты нысан мæ номæй. Нæ бæстæн халы хины сырд йæ фарн, Кæнынц фыдæлты рухс таурæгъ хæлæттаг,— Нæй уыдон ныхмæ лæг æмæ хæцæг, Æмæ кæнынц æлдариуæг хæддзутæ. Кæм и æфсарм,— куы уæ ферох уæ ном, Уæ цæуæт уын куы нал хатынц уæ ныхас,— Уæд чи ссудздзæн йæ зæрдæйæ цырагъ, Тæрхоны лæгтæн чи зæгъдзæн сæ нысан? Фæллад дæн æз...» Фæци йæ ныхас. Арф Ныуулæфыд. Йæ цæсгом уыд æрхæндæг... Цы йын зæгъон? Цы йын зæгъон уæддæр? — Лæууын æнцад сæргуыбырæй йæ разы. Уый сагъæсхуызæй донфыцæнмæ каст, Ыстæй уæд араст æфцæджы ’рдæм хуыртыл. Мынæг рухсы пехуымпарау зындис, Æз ын куызтон мæхинымæр йæ фæстæ. 1982 азы декабрь
Нæ дзыллæйы зæрдæ — Мæ хуымгæнды хай; Нæ бæсты сагъæстæ — Мæ фæззыгон най... Къоста, ЭВА М АЛИЕВОВА АЙНÆГ КЪÆДЗÆХТЫ ДЗУАПП Ацы уацы автор — словакаг æрыгон фыссæг æмæ тæлмацгæнæг Эва Малиевова-Франева,— хъуыстгонд у, куыд словакаг æвзагмæ Нарты кад- джыты тæлмацгæнæг (1983 аз, рауагъдад «Младе лета»), Ноджыдæр ма стæлмац кодта бирæ ироя æмæ уырыссаг поэттæ æмæ прозаикты уацмыстæ^ Хæрзæрæджы та мыхуырæй рацыдысты ирон про- зæйы антологи æмæ стыр Къостайы æвзæрст уац- мысты æмбырдгонд. Фæстаг чиныгыл иумæ æмзæр- дæйæ куыстой поэт Ян Майерникимæ. Эвæйы зæрды ис Кавказы адæмты аргъæуттæ стæлмац кæнын, радио æмæ телеуынынадæн, ирон адæмон сфæлдыстады æрмæгæй пайдагæнгæйæ, иу къорд сценарийы ныффыссын. Йæ ном зындгонд у ирон чиныгкæсджытæн — рауагъдад *Ир»-ы йын рацыд хъæлдзæг радзырдты чиныг «Æмзоримæ балц». Уæдæ Чехословакийы дæр хорз аргъгонд æрцыд йæ фыццаг радзырдтæн 1987 азы æрыгон авторты сфæлдыстадмæ æркасты. Дæлдæр ын цы уац мыхуыр кæнæм, уый арæзт у йæ раныхасы бындурыл — ныхас та кодта алы адæмты симпозиумы 1988 азы февралы Братисла- вæйы. Йæ раныхасы фæдыл дзургæйæ доктортæ Душан Слободник, Зденек Матгаузер æмæ Ондрей Марушиак стыр аргъ скодтой æхсæнадон æмæ поэ- тикон хъуыдыйы рæзты Къостайы ахадындзинадæн. Æмæ уымæй дæр æрмæст Кавказ æмæ Уæрæсейы нæ, фæлæ Европæ æмæ æппæт дунейы мидæг дæр. 41
Сæрибармæ уырыссаг революцион демократты сидт — æп- лæт евро^пæйаг змæлдимæ иумæ, куыд хъуамæ баззадаид æнæ деуаппæй бирæ национ империйы... Бындзарæй нынкъуысыд *Уæрæсейы хæдхæцæг паддзахад, паддзахы зæнгтæ фæтасыды- сты æмæ уый, æнауæрдонæй цы адæмты ссæста æмæ хурх яодта, уыдон дæр бамбæрстой. Йе ’фсæйнаг арвы бын адæмтæ сæ боны фыддæртæм æрцыдысты, хуыдуг кодтой, бæллыды- сты рухсы цъыртт фенынмæ, уæд та цыбыр рæстæг риуыдза- гæй сыгъдæг уæлдæф сулæфынмæ. Революцион-демократон змæлдæн Кавказы айнæг къæ- ,дзаехтæй цы дзуаппы аэæлд райхъуыст XIX æнусы кæрон, уый æнæфæхицæнгæнгæ баст у Хетæгкаты Къостайы номимæ» Ирыстоны йæ мыггагæй нæ амонынц, буцдæрæн æмæ йæ сæ- рыстырæй хонынц æрмæст йæ номæй — Къоста. Фыцдаг бака- стæй афтæ фенхъæлæн ис, зæгъгæ, æмæ йæ поэтикон гени бьштон æнæнхъæлæджы фегуырдис, схæцыд йæхиуыл æмæ «айтынг кодта йæ къабæзтæ. Хетæджы-фырт у, бирæ хъуыддæгтæ чи бамбæрста æмæ сæ чи баиу кодта, ахæм фæзынд. Кавказы адæмты истори æвди- сæн цæуы иу ахæм хъуыддагæн: XIX æнусы дыккаг æмбисы хохаг адæмты зондахаст афтæ аивта, æмæ сæ каст Къостайы хуызæн стыр нывгæнæг, сфæддыстадон кусæгмæ уыд—сæ ир- вæзынгæнæгмæ кастысты æнхъæлмæ, уый сæм хъуамæ æнæ- мæнг фæзындаид. Адæмтæ уæдмæ сæ историон рæдыдыл дзæ- бæх фæсагъæс кодтой æмæ йыл басастысты — ныр сын æргом уыд, уырысимæ дины сæрыл дæр, этникон хæдбардзинады хуы- зы хæст дæр æппæтадæмон сæрибары сæрвæлтау кæй нæу, уый. Ам ныхас Шамилы хæстытыл цæуы. Се знаг комкоммæ уырыссаг адæм не сты, фæлæ уый æндæр чидæр æмæ цыдæр у. Рæстæг ралæууыд ног, прогрессивон хъуыдыкæнынадæн. Ныр алцæмæ дæр бæрзонддæр рындзæй ракæсын хъуыд, рæс- тæджы фæлмы сæрты, фидæны цы уыдзæн, уый дæр куыд уынай, афтæ. Къоста — поэт, публицист, драматург, прозаик æмæ, æп- пынфæстаг, профессион нывгæнæг (А. Фадеев куыд загъта, «ирон адæмы Леонардо да Винчи») — тугæй дæр æмæ стæгæй дæр хохаг лæг, кавказаг, æгæр хорз дæр ма бамбæрста, Уæрæ- сейæн арæн йæхимидæг кæй цæуы æмæ йæ дыууæ ныхмæ- вæрд Уæрæсейыл кæй дих кайны, уый. Хæдхæцæг паддзаха- .ды, паддзахы æмæ тиранийы Уæрæсе, иннæрдыгæй та дунейыл ;ахадгæ культурон бынты хицау Уæрæсе. Къостайæн йæ лите- ратурон сфæлдыстады бантыст æрдзон хуызы ирон æмæ кав- казаг æндæр адæмты фыдæлтыккон æгъдæуттæ æмæ монон хæзнатæ баиу кæнын, дарддæр сæ срæзын кæнын, ноджы про- грессивондæр хъуыдытæй сæ фæифтонгдæр кæнын. Уыдон та йæм Уæрæсейæ цыдысты. Æмæ уыцы хуызы йæ къухы баф- тыд йæхи поэзи уæлдæр сисын, вазыгджындæр проблемæтыл дзурын. Æппæт уыдæттæ зæрдыл даргæйæ, Къоста советон фысджыты бирæ фæлтæртæн ссис ахъаззаджы фæзминаг цæ- 42,
виттон — фæзминаг уымæй, æм& алкабмæн дæр йе сфæлд^- стады афтæ æрдзон хуызы иу кæнын æмбæлы дæхи адæмы хи- цæндзинад—æппæтонимæ, национ—интернационимæ, иу адæймаджы—æппæт адæмтимæ. Аивады бæрзонд тырыса йын уыдысты Некрасов — æнæба- фидаугæ кæй критикæ кодта æхсæнады царды уавæртæ, уы- мæ гæсгæ; Лермонтов — хъамайау цыргъ кæй уыдысты йæ поэтикон рæнхъытæ, уымæ гæсгæ. Разæнгард æй кодтой Бе- линский, Чернышевский æмæ Салтыков-Щедрины сфæлдыстад^ æмæ хъуыдытæ* Арф айста йæ зæрдæмæ революцион демо- кратты программæ — йæхæдæг куыд æмбæрста царды раст-- дзинад, сæрибар, адæмты царды прогрессивон райрæзт, уыдош дæр уым афтæ уыдысты. Сæ дунеæмбарынадимæ сын бæстон базонгæ, нывкæнынады Академийы куы ахуыр кодта, уæд» Фæлæ ам йæ ахуыр кæронмæ нæ ахæццæ кодта йæ царды фа- дæттæм гæсгæ, æрмæст дзы цы революцион хъуыдыкæнына-- дæй фæхайджын, уый йæ цæргæбонты йемæ фæхаста. Кавказы литературон æхсæнады æрыгон Къоста æппæты; фыццаг нымады уыд куыд адæмы бартыл тохгæнæг. Къоста — трибун, Кавказы адæмты сæ хæдбардзинадыл тохмæ разæн- гардгæнæг. Æддаг бакастæй цыма романтикон поэт у: йæхи сидзæрау цыма æнкъары дунейы мæнгарддзинады æууæлты æмæ йæм йæ алфамблай цард фынæйау кæй каст, уый тых- хæй. Афтæмæй та йæ зæрдæйы æппæт тæгтæй дæр баст у йэ& уарзон ирон дзыллæтимæ, дунейы адæмтимæ — æппæт зæххок цардимæ. Советон литературон критикæ йæ,— уыцы иыхæстæн æнæ- мæнг бындур уæвгæйæ,— хоны стыр рухстауæг æмæ гума- нист, сæ ратæдзæн та уыцы миниуджытæн у, æцæг интерна- ционалист кæй уыд, уый. Кæд йæ хуыздæр уацмыстæ иронау ныффыста, уæддæр уырыссагау дæр фæлдыста — Н. Тихонов æй уый тыххæй хуыдта «...æрмæст ирон нæ, фæлæ у уырыссаг поэт æмæ фыссæг дæр». Къорд æмдзæвгæйæ Къоста ссардта уырыссаг культурæйы зынгæ минæвæртты ном: Лермонтовы,, Грибоедовы, Островскийы, Чайковскийы... Хетæджы-фырт фы- ста, йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, зæрдæрисгæйæ; йе ’мДзæвгæтæ- гуырдысты уарзт æмæ тæригъæдæй, тынгдæр та зæрдæрысг æмæ фыцгæ мастæй. Сиды, амидин кæны, хоны æдæрсгæ цар- ды сæрвæлтау тохмæ, фæстæмæ æнæфæкæсгæйæ, æрмæстд^ер размæ, фидæнмæ. Фидæн та, уый йæ куыд æмбæрста, афтæ- мæй у сæрибар — æмæ уæдæ йæ царды нысан дæр уыд уыдо- ны — фидæн æмæ сæрибары цæрайæ цæрын, уыдон æй уыр- ныдтой, уыдон сты йæ поэзийы рæбинаг цæджындзтæ. Къостайы дзыхыл цъутта сæвæрæн нæ уыд, йæ фыссæн сис ын йæ. къухæй скъахæн нæ уыд — дзæгъæл уыдысты паддза- хы администрацийы æппæт фыдмитæ дæр. Кæд-иу ын æмдзæв- гæтæ фыосæн нал уыд, уæд та архайдта публицистикæ æмæ литературон критикæйæ; кæд-иу аив дзырдæй иуцасдæр фæиппæрд, уæд та — ахорæнтæ, нывкæнынад. Нæ йæ басаста, 43
цалдæр хатты ахст æмæ йæ райгуырæн з&ххæй æрвыст кæй уыд, уый дæр. ^Белинскийы тыххæй Александр Матушка загъта, зæгъгæ, уый куыд критик фысгæ-фыссьгаы судзгæ кодта æмæ басыгъд. .Хетæджы-фырт дæр афтæ сыгъд. Сыгъд стыр сойын цырагъау, З’’ымæн æмæ йын æнæ судзгæ нæ уыд — рухс кæнын æй хъуыд. 1899 азы та йæ ногæй куы ахастой, уæд йæ «Ирон фæн- дыр» рацыд Владикавказы. Цалдæр азы йæ гагагай, уырзæй сгаргæйæ фембырд кодта. Литературæ иртасæг Мæрзойты Сер- гей ацы чиныг схуыдта ивгъуыд хæххон царды энциклопеди. «Гъе, энциклопздион кæй у, уый тыххæй ацы чиныг сси ирон литературæйы бындур, йæ диссаджы райдайæн æмæ, абондæр жа йæ сæрты акæсæн кæмæн нæй, ахæм бæрзонд»,— фыссы -Мæрзойыпфырт. Къоста йæ «Ирон фæндыр» ныффæдзæхста ирон адæмæн—нывгонд дзы цæуынц уый цард, маст æмæ уд- хар, бæллицтæ æмæ ныфс. Фæндаг дæр адæмы зæрдæмæ афтæ тагъд уымæн ссардта. Къостайы сфæддыстад — Тихоновы загъдау, амондджын поэты, йæ адæмимæ «а» æмæ «о» йæ чи цард—у ног, прогрес- сивон фæзынд, йæ гуырæн тау, ирон адæмы культурон зонда- хасты хæзнатæ ноджы уæлдæр аивадон къæпхæнмæ чи си- ста, уый. Адæм ын йæ поэзи æнкъарынц куыд сæхи сфæлдьт- стады иу зынгæ хай, йæ тæккæ хæрзаивдæр конд астæуыстæг. Къостайы æмдзæвгæтæ æрмæст цытджын æмбырдты рæстæг нæ фæкæсынц, фæлæ йе ’мдзæвгæты æмæ поэмæты хъайтартæ кæддæриддæр цæугæ цардæй цæрынц, уыдон систы символтæ. Хетæджы-фырт сарæзта йæхи традици — кæд иттæг дæсныйæ пайда кодта ирон адæмон поэтикæйы æгъдæуттæ æмæ фæрæз- тæй, уæддæр разы нæ уыд айдагъ фольклоры мадзæлттæ аивадон системæйы хуызы фæлхатын. Уый нывæзта, уырыссаг традицитыл æмзæрдион уæвгæйæ—æмæ уыимæ дунейы поэ- тикон классикæ æмæ революцион-демократон эстетикæйы фæрцы. Ирон адæмон поэзи йæ рæстæджы æмдзæвгæфыссы- надгл культурæимæ куыд æрдзон хуызы баиу кодта, ууыл куы дзурæм, уæд ын бантыст тынг стыр сгуыхтдзинад, бæрзонд сис- та ирон литературæйы ахадындзинад: Хетæджы-фырты хæд- бындур сфæлдыстады руаджы уый æмсæр сси уырыссаг, уæ- рæхдæр контексты та æппæт дунеон литературон сфæлдыстади- мæ. Къостайы поэтикон дзырдыл (фæнды иронау, фæнды уы- рыссагау) бæрæг дары граждайнаг хъæппæрис, æппæтнацион хъуыды царды тыххæй. «Ирон фæндыр»-ы фæстæ ирæтты на- цион цард æнæ поэзи нал фидыдта — æмæ абон дæр уыцы хат- дзæг раст у. Паддзахы Уæрæсейы Хетæджы-фырт æппæты фыццаг зындгонд уыд куыд публицист. Æмткæй царды змæлд æмбар- гæйæ, уый æнауæрдон критикæ кæны, капиталистон акцио- нерты æхсæнад кусджыты куыд эксплуатаци кодта, уый; æп- пЫвдæр разы нæ уыд æнæ зæхх хохæгты царды хицауады по- 44
литикæимæ; тох кодта ирон чызджыты скъола ногæй байгом кæныныл; Терчы зылды администрацийы хъуыддæгтæ хур- мæ хаста. Фæлæ йæ зæрдæмæ хæстæг иста бурты тох англисаг империализмимæ, дæр. «Кавказы ивгъуыд цард, хæдхæцæг паддзахы политикæ, хохаг æхсæнады рæзт кæд искæй базо- нын фæнды, уæд уымæн Къостайы уацтæ уыдзысты агургæ æмæ æнаргæ ахсджиаг æрмæг»,— фыста Мариэтта Шагинян, советон фыссæг-публицист. \ Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстад уыд Кавказы айнæг къæдзæхты дзуапп-азæлд, уырыссаг революцион демократтæ цыдæриддæр прогрессивонæй хастой, уымæн. Къостайы хъæ- лæс нæрыд ноджы дарддæр, фидæны æхсæнадон æнкъуысты- ты архайæг адæмы разæнгард кодта, сси се ’нæфæцудгæ тохы тырыса. ХÆДАРЦАТЫ АЗÆ НЫХАСÆППАРÆН «Къостайы æнæзындгондæмдзæвг æ». Ахæм сæргонди- димæ газет «Рæстдзинад»-ы (13 июнь, 1989 аз) рацыд Четиты Рубены уац. Æмæ дзы кæронбæттæны фыссы, зæгьгæ, йæ зæрдæ дары «ирон литературæиртасджытæ ацы ахсджиаг фарста, æвæццæгæн, хуыздæр са- хуыр кæндзысты æмæ Къостайы ацы æмдзæвгæйы тыххæй бæстондæр зæгъдзысты сæ хъуыдытæ». Гъемæ мæн дæр бафæндыд иу-дыууæ ныхасы зæгъын. Кæд æмæ Четиты Рубен дызæрдыг дæр нæ кæны, æмдзæвгæ «Я те- бя бесконечно люблю» Къостайы æмдзæвгæ кæй у, ууыл, уæд æз дæр æппындæр дызæрдыг нæ кæнын, æрмæст... уый Къостайы æмдзæвгæ кæй нæу, ууыл. Фыццаджыдæр, йæ сæргонды бын ис фиппаинаг: «цыганский романс», æмæ уыцы жанрмæ цы нысаниуджытæ хауынц, уыдонæй æмдзæвгæ æххæст у. Къостайы къухæй кæй у фыст, уый макæй сайæд. Къостайы архивы ма ноджыдæр ахæмтæ ис, Зæгъæм йæхи къухæй фыст æмдзæв- гæ «Великий старец наших дней зовет на путь непротивленья...» Уый дæр раздæр нымад уыдис Къостайы æмдзæвгæйыл, фæлæ йæм мæ зæрдæ фехсайдта, æмæ, æцæгдæр, разынди А. Я, Коцы фыст æмдзæвгæ. Мы- хуыр уыди, Лондоны цы социал-демократон журнал «Жизнь» цыд, уым 1902 азы æмæ йæ, æвæццæгæн, Къоста уырдыгæй сфыста. Иннæ ахæм ма йæм къухфыстæй уыди пьесæ «На лоне природы», зæгъгæ, уый скъуыддзаг, фæлæ разынди И. Мещерскийы пьесæйы иу хай. Уымæ гæсгæ, «Я тебя бесконечно люблю» Къостайы къухæй фыст кæй у, æр- мæст æй уый тыххæй Къостайы уацмысыл банымайын раст нæ уыдзæн. Дарддæр кæс 53 фарсыл. 4Б
Фидар лæуут, фидар, æнгом, кæрæдзийы дзырд æмбарут\ уый йеддæмæ нын ничи ницы хъом у!.. Амонд... æрра дæн, цæй амондмæ дзурын! Ацы рæстæджы та амондджын *шу? КОКАЙТЫ ТОТРАДЗ ПОЭТЫ МОНОЛОГ Триптих АХАСТЫ РАЗМÆ Додой фæкæнат ’мæ райгуырæн хæхтæр Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтауХ Къоста Цыдис фæндаггон арф комы йæхицæн, Цыдис æмæ йæхинымæр дзырдта: «Мæ Райгуырæн, рæхджы кæндзыстæм хицæн,— Мæн сурынц дардмæ тугмондаг сырдтæ. Цы сын кодтон? Цы сæ хъæуы? — нæ зонын. Дæ разы у мæ уды^фарн сыгъдæг...» Къæсæры дзуар... Йæ цуры уым æрзоныг Æмæ уыди сыгъдæгæй дзуары лæг. «Ысфæлдисæг, табу дæ ном, дæ кадæн, Дæ рухс зæдтæн нывонд мæ иунæг сæр, Фæлæ кæд дæ — цы кодтой уæд мæ адæм, Цæмæн ныккалд сæ амонды къæсæр? Цæмæн ысты рæхыстæй баст нæ уæнгтæ? Цæмæн у хъуыды сау цъысымы ’лвæст? Цæмæн нæ ’вдæрзы сау залым æууæнкæй? Цæуыннæ уынæм хурзæрины цæст? Æви нæ кæд нæ райгуырдæй фæстæмæ Цыфыддæр æлгъыст ракæныс, хуыцау?!
Æрцу-ма нæм, æркæс-ма нæм хæстæгмæ,— Фыддæр — зындонæй хохаг лæджы цард. Ныффыстон ын йæ уды риссаг катай Мæ зарæджы, æмæ йæ ныр уыныс: Хæссынц мæ дард мæ Ирыстоны артæй, Æрмæст нæ хæссынц ардыгæй мæ тыхст. Æхсины лæг æхсæны лæгæй кусæд, Ыскæнæд уал Рæстдзинадыл бæхбадт. Æз фидæны тæмæнкалгæ æнусæн Хæссын нывондæн иу удæй мæ цард. Уынгæг кæмттæй мæм судзгæ додой хъуысы, Уым ис мæ хъыг, мæ рыст цæссыгты уæз,— Æхсины лæг йæ катайæ фæхъуызы, Бæрзонд хуыцау, дæ раст тæрхон æрхæсс! Æхсины лæджы Елйайы зынг фатæй Æрцæв, хуыцау, йерцæв уæдæ, кæм дæ?! Мæ мæгуыр хох кæдмæ хъæрза зын цардæй,— Йæ тæригъæдæй бастъæлай дæлдæр! Æхсины лæгтæн Райгуырæны знагыл Нымад æрцыдтæн. Иал уадзынц мæ дзырд. Цæуын рæхджы æнæбары фæндагыл Æмæ хæссын æдзыт адæмы цыт. Мæ фæстæ уадзын ниугæпкæугæ додой, Мæ фæстæ уадзын рухс мондæгты арт. Мæ адæм-иу фæрæдийæнт мæ зондæй,— Уый у; мæ дин, мæ сыгъдæг ,фæнд, мæ цард...» Цыдис фæндаггон арф комы йæхицæн, Йæ фæдыл хæхты судзгæ марой хъуыст. Йæ уды фарн — сыгъдæг уарзты æндидзæн — Йæ дзыллæйы бæрзонд амондыл рыст! САГЪÆС Бирæ цыдæртæ мæгуыры фæфæнди Иуæй-иу хатт. Къоста Бирæ цыдæртæ фæндыдис мæн дæр, Бирæ цæуылдæрты хостон мæ сæр,— Хорзæй цы ссардтон?! — Уæгъды фæцардтæн.
Никæмæ хъары мæ иунæджы маст, Никæйы хъæуы мæ цин æмæ уарзт. Иунæгæй хитын,— Бонтæ æрвитын. Домы мæ м’ адæмы судзаггаг зын, Базыдта зæрдæ йæ мæтæй хъæрзын, Уый у мæ марæг,— Нæй мæ æмбарæг. Хордтон мæ адæмы фарныл мæ уд, Цагътон мæ удæй хуыцæутты раз буд, — Чи кодта хин цард, Уый та ысхицау! Барджын æхсины лæг, ноджы Басгуыхт æхсæны лæг, ноджы Былмæ нæ суры, Марадз, ысдзур æм. Дзыллæты амондыл скодта бæхбадт, Топпы мæнгвæдæгæй агуры кад. ’Взиды нæм ехсæй,— Атъæпп уа не ’хсæн! Зонын, бæрзондæй уый худы мæныл, Тынгдæр та — ме сæфтмæ кувы, бæллы, Ма зона удхар, — Дзыллæты удхор! Йе стырдæр хотыхтæ ехс æмæ арц, Йе стырдæр хорзæх та — ингæны къарц, Нал ын и раст лæг,— Бабын уа уастæн! Й’ адæмы рухс фарныл ихзæй цæуæд, Йе ’ргъæу къæлæтджын йæ сагъæс, йæ мæт,— Рабадт дзы раджы Гæртамы руаджы. Рагон æмбисонд — нæ дуджы фыдниз,— Хи дурæй хæлы нæ гæнахы сис, Хæлы бындзарæй, Халынц æй барæй! Бирæ цыдæртæ мæ скæнын фæндыд, Фæлæ нæ райхъуыст мæ арфæйы дзырд, Адæмы хорзæн Не ссардтон хорзæх. — тыхджын, — дзыхджын,
Гъеуæддæр иунæгæй балцы цæуын, М’ адæмæн фарнагур, фарнгур цæуын Талынгæй рухсмæ, Фидæн æнусмæ. Лæггæнæг Уастырджи, радт мын æхсар,, Къаддæр мæ зæрдæ йæхиуыл тыхса,.— Уастырджи, ракæс, Бамбар мæ сагъæс! ХАСТЫ Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæФ Фæластон мæ сау зæрдæ дард... Къоста* Дард дæн æз Фыды уæзæджы артæй. Ир, Ирыстон — рухс фæндты мæсыг — Домы дæ æхсины лæг мæнгардæй,— Калы зæрдæ урскъуыбар цæссыг. Æз дæ хуылфæй судзгæ марой хъусын Дардмæ дæр. Цы ма дын кæнон, :цы?! Ацы сау, цъаммар, уæййаг æнусы Адæймаджы нал æндавы цыт. Чи сдзуры Рæстдзинады сæрвæлтау, Чи рахаты раст æмæ зылын,— 'Хсины лæгтæн басгуыхы æнæнтау, Рахонынц æй зондцух, йе рынчын. О, рынчын дæн, Ир, дæ судзгæ низæй! Мæнæ бандзыг къабæзты мæ туг, Фæлæ де знаг талынг къуымтæм лидзæд! — Рацæуы сæрибархæссæг дуг. Æз мæ дзырд нæ фæзæгъын дзæгъæлы: Ныхас фат у, зæрдæ — ’лвæст æрдын. Де знаг мæ кæд хастæй мард æнхъæлы, Æз уæддæр мæ рухс фæндтæ кæрдын Æмæ зарын, Ир, дæ судзгæ ристыл! Зарын зарæг, хъарæгау — уынгæг... Дардæй дæр дæумæ тындзын фæдисы,— Мæнæ тоны хъадаманты цæг! 4 Мах дуг № 10 4*
Лæджы хуызæн лæг нæм — æстæм, Бæрæг дæр нæ нал ис, цы стæм, Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг! — Кæдæмдæр ма хилæм куырмæй... Гъе, Уастырджи, ракæс, цæмæй Нæ фæуæм бынтондæр фыдвæндаг!.. Къоста ИВАН ФИЛОНЕНКО КЪАТЫБОНЫ ХЪУЫДЫТÆ Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстадимæ кæд æмæ куыд базонгæ дæн, уый бæлвырд нæ хъуыды кæнын. Фæлæ ’мæм афтæ кæсы, цыма йæ мæ сабийы бонтæй фæстæмæ зонын, мæхи куы базыдтон, уæдæй нырмæ. Уымæн æмæ-иу ын фæстæдæр йæ уацмыстæй исты куы кастæн, уæд-иу мæм, уайтагъд мæ зæр- дæ сдзырдта — кæддæр ма йæ кастæн, уæлдайдæр та хохæгты царды кой кæм кæны, уыцы æмдзæвгæтæ æмæ уацтæ. Хъуыды кæнын æндæр хъуыддаг: хохæгты цард уæд, уыцы дард бонты — сабийы зонд æмæ зæрдæ уæрæх гом куы вæййынц дуне бамбарынæн, царды ми- дæг сыгъдæг æмæ бæрзондæй цы и, уый нæм æхсызгонæй хæццæ кæнын куы рай- дайы — уæд баиу и йе сфæлдыстад мæ цардимæ. Гъе, уыцы удсыгъдæггæнæг æмæ бæрзондгæнæг тых ссардтон æз мæхицæн Хетæгкаты Къостайы уацмы- сты. Уый афтæ амоны, æмæ Хетæджы-фырт иннæтимæ иумæ æнæмæнг уыди мæ хъомылгæнæг — мæ цæстæнгас æмæ мæ зондахастæн рæстырдæм ахъаз- гæнæг. Афтæмæй та æз Ирыстонæй тынг дард уыдтæн — цардтæн Уралы хæх- ты рæбын хъæуы. Кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ дæр вæййы, æмæ адæймаг йе ’взонджы бонты сайды бахауы — йæ зæрдæ йын йæхимæ аздахы исты тутт цъæлхъæр, алы къæбæлдзыг ныхæстæ. Цал Чырыстийы скæыы йæхицæн алы фæлтæр дæр, стæй сæ иуварс æрæвæры, ферох сæ кæны бынтондæр. Стæй нæхи фæрæ- стытæ кæнзрм: «Æдилытæ ма уыдыстæм уæд». У.ыди ахæм чырыститæ мах фæлтæрæн дæр. Канд политикон æмæ хæстон архайджытæ нæ, фæлæ фыс- джытæ дæр, сæ чингуытæм-иу рады кæмæн лæууыдыстæм. Нæ фæсонæрхæ- джы дæр нæ уыд, æмæ кæй æрцæудзæн ахæм рæстæг, уыцы чингуытæ кæсгæ дæр кæй ничиуал кæндзæн. Уый уымæн афтæ рауайы, æмæ уыцы чингуытæ вæййынц мæнгуд, .сайд, фыст вæййынц царды æцæгдзинадыл нæ, фæлæ алы рæсугъд сæнттыл, царды æнгæсæнтæ. Ахæм чинцуытæ дæр нæ зондахаст æмæ нæ удыскондыл алкæмæн дæр йæхирдыгонау ма зындаиккой, уый гæнæн нæй. Иутыл — иуырдæм, иннæтыл— иннæрдæм. Фæлæ азтæ куыд цыдысты, куыд зондджындæр кодтам, афтæ царды алцы дæр ахста йæхи бынат: чингуытæй иутæн сæ кой дæр нал уыд, иннæтæ та —раздæр нымады дæр чи нæ уыд, уыдон —систы дзыллæты æм- 50».
дзæрин æмæ æмдзугæнæг. Лæг сæ цал касты кæна, уал хатты сæ ссары ног æмæ ног хъуыдытæ, йæ æмдугон хъуыдытæ, зæххыл хæрамæй цы ис, уый аххосæгтæ ’мæ гуырæнтæ. Æвæццæгæн, стыр фысджытæ дæр уымæн хонынц адæм ахæм фысджы- ты. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ Хетæгкаты Къостайы сгчерк «Особа» иу- хатт чи бакасти, уый йæм дыккаг хатт дæр раздæхдзæн. Æз æй дыккагхатг куы бакастæн, уæд хатдзæг скодтон: уый этнографи нæ, фæлæ у царднывæзт, адæмы хъыг æмæ цин æддæг-мидæг кæм ацыдысты, адæмæн сæ зарæг дæр æмæ сæ хъарæг дæр кæцæй райхъуысти, ахæм уацмыс! Уымæй уæлдай ма йæ хорз уый мидæг ис, æмæ очерк «уыцы æхсæнады уæнг» йæхæдæг кæй ныффыста, автор йæхæдæг уыцы цардæй кæй царди. «Особа» — уый этнографийæ вазыгджындæр цыдæр у. Уым адæмæн æр- мæст йæ цардыуаг, йæ цæсгом æмæ, адæм цы хæдзарадыл хæст уыд, уый æвдыст не ’рцыд— уым æвдыст æрцыди сæрибаруарзæг адæмы истори. Æр- цыди уыцы истори фыст, куыд фæзæгъынц, фыссæг æй йæхи цæстæй уыдта,. афтæмæй. Уымæ гæсгæ йыл мур дæр ницы æфтыд æрцыд раппæлыны охыл, мæнæ ивгъуыд дуг куыд сзынаргъ æмæ садджын вæййы фæстагæттæн, афтæ. Нæ, Хетæджы-фырт йæхи зондæй ницы æфтауы ацы фыстмæ — æмæ йæ- л хъæугæ дæр ницæмæ кæны уыцы хъуыддаг. «Особа» фыст цыди дыууæ æну- сы арæнтыл, историон дугтæ кæрæдзийæ куы хицæн кодтой, уæд. Къоста ит- тæг хорз æмбæрста æмæ уымæн афтæ фыста: ахæм рæстæг скæндзæн, æмæ- Кавказы цæрæг адæмты ивгъуыд бонтæм акæсынæн æппындæр ницыуал амал уыдзæн. Æмæ чиныгкæсджыты раз хатыр куырдта, зæгъгæ, хуымæтæг хуызы хабæрттæ кæй кæны, æцæгдзинадæй та зæрдæхсаинаг не сты. Æмæ ныффы- ста «Кавказы адæмты истори, суанг незамантæй XX æнустæм чи фæцарди, æмæ фыссынад кæмæ нæ уыд». Фæлæ уыцы адæмæн уыд фидар царды фæтк æмæ фыдæлтыккон эпос. Ныффыста, æлдæртты æмæ сæ мидхæстыты тыххæй. нæ, фæлæ адæмы истори. Ныффыста, æвдисæндартæ скодта адæмы фидауц пардæн — бинонты æмæ æхсæнады мидæг; ныффыста ирон лæджы цард йæ- райгуырынæй суанг йæ амæлæты онг: уыцы царды уыди хъæлдзæг бонтæдæр æмæ цæссыг дæр, уыди дзы тугныккалд æмæ туджджынты фидыд дæр. Ныф- фыста йæ, лæг дзы нæ фæлмæцы, афтæ, лæг æй цæстæй куыд уына, афтæ, æмæ йæ куы фыста, уæд фидарæй æууæндыд, «Кавказы цард раст зонын ма- хæн, бынæттон цæрджытæн, уæлдай ахсджиаг хъуыддаг кæй у», ууыл. Мæгуыр у, хион-хæстæг кæй нæ хъæуы, уыцы лæг. Ноджы гæвзыкдæр сты, йæ истори чи нæ зоны, йæ фыдæлты æгьдæуттæн аргъ чи «æ кæны, уы- цы адæм. Уыдæттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, не ’мбæрстон æз ме ’рыгон бон- ты—уæд нын æндæр историтæ амыдтой. Фæлæ уыцы бонты мæ зæрдæйы равзæрди бирæ æхсызгон æнкъарæнтæ, уыдон мæм равзæрдысты Къостайы уацмыстæ кæсгæйæ: уымæн йæ хъуыдытæ йæ адæммæ сидтысты, ирон адæм- мæ. Уыдон та амондджын иу хъуыддагæй уыдысты, æмæ ацы змæст æмæ знæт дуджы зыдтой зæрдæнцой — сæ фыдæлты æгъдæутты-иу ссардтой сæ- хицæн ныфс. Æмæ мæ хæрзæрæджы дæр ма фидарæй уырныдта: Ирыстоны «Особа» Къостайæн йæ иннæ номдзыд фыстЫты æмрæнхъ нымад цæуы, уы- мæн æмæ у, ирон адæмы фыдæлты истори, сæ царды уаг, сæ культурæ. Æппын- дæр гуырысхо нæ кодтон ууыл, æмæ «Особа» алы ирон хæдзары дæр кæй ис, кæм иронау, кæм уырыссагау, æмæ алы ирон лæг дæр уымаэ гæсгæ кæй зоны йæ царды арфдæр уидæгтæ, йæ царды ратæдзæнтæ. Афтæ хъуыды кодтон, цалынмæ Цæгат Ирыстонмæ нæ ацыдтæн, уæдмæ. Æппæты фыццаг цæуыл 51
бадис кодтон, уый — Къостайы чингуытæн дуканиты сæ кой дæр нæй. Фæстаг хатт сæ кæд уæй кодтой, уый дуканигæотæн сæхи зæрдыл дæр нал лæууы. Дæ цæстытыл ма ауайын кæн, ахуыргонд чиныгкæсæг: иубон кæсыс æмæ, ды адæмы ’хсæн схъомыл дæ, уыдоыæй сæ мадæлон æвзаг ферох и. Нæ, къуытты нæ баисты, де ’мызнæмонтæ ныхас кæнынц кæрæдзиимæ, фæлæ дзу- рьшц бынтондæр æндæр æвзагыл, кæйдæр адæмы æвзагыл. Ды хорз зоныс — уыдон дæ туг, де стæг адæм сты. Уымæй йæ зопыс, æмæ æрмæст уыдонæнис,- кæйдæр æвзагыл дзургæйæ, ахæм ныхасыздæхт, æрмæст уыдон афтæ æндæр- хуызæттæ кæнынц кæйдæр æвзаджы дзырдтæ. Хъусыс уыцы ныхасмæ æмæ дыл дис æфты, стыр дис: куыд мæгуыр, куыд æнаив у уыцы ныхас. Куыд кадавар у йæ дзырдты къæбиц! Дæу фæн- ды æмæ куы аныхас кæнис сёмæ дæ мадæлон æвзагыл, уæ ^фыдæлтæй уын ци æвзаг баззади, уæ адæмон эпос уæм цы æвзагыл æрцыди, ууыл, æмæ дæ сæры хъуынтæм фæлæбурдтай: нæ зоныиц де ’мзæххонтæ сæ мадæлон æвзаг! Ды сæм æвдисыс чиныг, уæ национ культурæйы хæзнадоны рæбинаг бынат чи ахсы, уыцы чиныг—нæй, йæ бакæсын нæу сæ бон, нæ зонынц уыцы æвзагыл кæсын де ’мзæххонтæ. Дæу фæнды, уæд та дын сæ исчи уе стыр эпосæй иу рæнхъ гæххæттыл куы ныффыссид, фæлæ дæ фæндонæй ницы уайы. Нæ зонынц фыссын уыцы æвзагыл нæдæр ныййарджытæ, нæдæр сæ кæстæртæ. Дæуыл бафтыди тас, æвирхъау тас: де ’мзæххонтæ, йе ’взаг чи ферох кодта, кæйдæр æвзаг нывыл чи нæ базыдта, уыдон ныллæууыдысты сæфты къахыл, сæ зонд у уæлæнгай, сæ хъуыдытæ — ницы-мацытæ, сæ æнкъарæнтæ — бынтон хуымæтæг. Уымæн æмæ, хорз цы æвзаг нæ зонай, ууыл арф хъуыды кæнæн æмæ арф хъуыдытæ дзурæн нæй. Ды кæсыс фæйнæрдæм æмæ уыныс: стыр горæтты культурæ дæ- лæмæ ’рхауд, уымæн æмæ уыцы горæттæ байдзаг сты æнæвзаг, æнæхъуыды адæ- мæй. Уыдон не ’мбарынц бæрзонд аивад, нæ сæм хæццæ кæны арф хъуыды, дард сты классикон музыкæмæ, æцæг поэзимæ. Уыдон, уыцы æнæвзаг, æнæ- хъуыды адæм, домынц афтæ, цæмæй сын алцыдæр уа æнцонæмбарæн, æмæ сыдывд алцæмæйдæр æнцонæмбарæндæр кæй у, уымæ гæсгæ, куыд фæзæ- гъынц, сыдывд дидинæг калы, бæрзонд аивады бæсты бæз-бæз кæнынц, аивад дæр кæм нæй, хъуыды дæр кæм нæй, ахæм тутт уд уацмыстæ. Ныххатыр кæн, зæгъдзынæ, ды кæд фсдтай æмæ адæм ахæм уавæрмæ æрхауа? Æрæджы ма æз дæр раст афтæ хъуыды кодтон. Æрæджы дæр ма сæ ныхмæ æрлæууыдаин, ныртæккæ мæхæдæг цыдæриддæр дзурын, ахæм хъуы- дытæ æмæ ныхæстæн. Æмæ уырыссагау æвзæр чи зоны, иронау та æппын- дæр чи нæ зоны, ахæм ироныл куы сæмбæлдтæн, уæд ахъуыды кодтон: уый дызгъуыммæ фæлдæхт адæймаг куы у. Фæстæдæр бамбæрстон: уыцы дыз- гъуыммæ фæлдæхт] сси бирæтæн царды фæтк. Дызгъуыммæ фæлдæхт—уæдæ æндæр куыд схонæм ацы хъуыддæгтæ? Цæгат Ирыстоны иунæг ирон скъола дæр нæй, ирон ныхас скъолаты фехъусдзынæ, сæ мыггаг тынг кæмæн сцы- быр, уыцы ирон урокты. Афтæмæй Хетæгкаты Къоста бирæ фæфыста адæ- мон ахуырады тыххæй, тох кодта, цæмæй ахуыры хъуыддаджы аккаг бынат лæвæрд цæуа ирон æвзаг, ирон чиныгæн. Уый—паддзахы рæстæджы. Афтæ- мæй мах заманы, советон хицауадыл уал æмæ уал азы куы рацыд, уæддæр Ирыстоны скъолаты нæ фаг кæны ахуыргæнæн æрмæг, ирон чиныг. Ирон æв- заг та дзы у фыдгулы æвзаджы уавæры. Уымæй ма æбуалгъдæр цы уа — 52
сывæллæттæ куы нал æмбарой сæ ныййарджыты ныхас, сывæллæттæ фыдæл- ты уæзæгыл куы рæзой, фæлæ сæм фыдæлты æгъдауæй куы ницы хæццæкæ- на! Цы уыдзысты уыцы сывæллæттæ, куы схъомыл уой, уæд? Æнæвзаг, æнæ- хион адæм нæ уыдзысты? Фыдæлты æвзаг фыдæлты хæзна у. Фыдæлты æвзаг чи нæ зоны, уый мæ- гуыр у, æнамонд у, уый йæхи æнæхай фæкодта фыдæлты бынтæй. Æмæ та не’ ’ргом аздахæм Къостамæ. Уый йæ хорз куы равдыста йе сфæлдыстадæй дæр æмæ йе ’ппæт цардæй дæр — æвзаг йæ уд æмæ йæ цæст у адæмæн, йæ мадæлон æвзаг чи нæ зоны, уый нæу йæ нацийæ, уый адард йæ.адæмæй. Мæгуыр у, йе ’мзæххонтæ æндæр æвзагыл кæй уацмыстæ кæсынц, уыцы поэт, кæд цыфæнды стыр поэт у, уæддæр. Тынг мæгуыр. —»»Э •- НЫХАСÆППАРÆН (Райдиан 45 фарсыл). Фæлæ йæ Четиты Рубен ноджы ма уый тыххæй афтæ нымайы, æмæ, дам, Къоста Аннæ Поповамæ фыста: «Р. 5. 06 этом письме не знает никто, кроме зяеня и Вас. Прилагаемое к письму стихотворение прошу хранигь до тех пор, пока Вы не захотите сгладить из своей памяти воспоминания 0 злосча- стном знакомом незнакомце...». Æмæ, дам, кæд æмдзæвгæ «Да, я уж стар», зæгъгæ, уый кой кодта Къоста, — раздæр бæрæггонд куыд æрцыди, афтæ,-— уæд æй цæмæн сусæг кæнын кæны, цæуыннæ йæ фæндыд, цæмæй йæ исчи бакастаид... Иугæр Къоста йæ уарзон чызджы фæдзæхста, æмдзæвгæ дæ- химæ æвæрдæй дар, макæмæ йæ равдис, зæгъгæ, уæд æй Аннæ дæр йæ су- сæг фыстæджытимæ арф бамбæхста. Уымæ гæсгæ абоны онг адæмы рæгъмæ нæ рахæццæ...» Фыццаджыдæр, Четиты Рубен цы рæнхъытæ æрхаста, уым иу ныхас дæр нæй, «макæмæ йæ равдисæд» йæ адресат, зæгъгæ. Къостайы фыст кæй у, ууыл ма нæ уацы автор æууæндын кæны æмдзæв- гæйы ахæм рæнхъытæй: За тебя я отдам свою душу, Целый мир за тебя погублю... Æмæ, дам, ахæм ардбахæрæджы цæмæн бафæндыдаид, цæмæй ацы бæрзонд æнкъарæнтæ æвдисæг дзырдтæ загъд æрцыдаиккой искæй раз... Диссæгтæ! Цымæ йæм цæмæй афтæ бæрзонд фæкастысты ацы ныхæстæ?! Уагæр ма хæххытæ куынæ ’рцыдаиккой, Къостайы къухфыст кæй хоны, уым. Стæй, æппынфæстаг, мах цы Къостайы зонæм, уый ма йæ уд, чи зоны, рад- таид, фæлæ йæ «æппæт дуне фесафын» цы хуызы бафæндыдаид?..
Хуыцауæй арфæгонд нæ фестæм, Нæ сæртæ нал æсты нæ бар, Æмæ дзæбæх зæгъынхъом не стæад* Дæуæн, фæлæ нын æй ныббар!.., Нæ зонд—цыбыр, мæгуыр—нæ зæрдæ, Æдых, фæллад лæгау, нæ дзырд... Къоста* ХАЙЫРЫ ХЪАРÆГ КЪОСТАЙЫЛ* Уæ, Къоста, мæгуырæй нæ фæуагътай Нарыхъæуы сау къæдзæхыл. Сауæй баззадыстæм дыууæ хойæ. Нæ хъал бонтæ мæгуыры бонтæй раивтам, Уæ, нæ/саутæ кæрæдзимæ сау аууæттæ фæдардтай*. Дæдæй, додой, Къоста, Ныр мах дыууæ хойæ .Нарыхъæуы уæлмæрдты Сындзæй халагъуд ыскæндзыстæм. Цæмæй тарстыстæм, уый нæ куыд баййæфта, Боны калд æмæ дæ боны мæгуырæй Нарыхъæуы къæдзæхыл нæхи хойгæ баззадыстæм* Дæдæй, додой, Къоста, Нæ чындзæхсæв стыр хистæй куы раивтам, Нæ быны рæхыс нæ къухмæ райстам, Мах хур æмæ мæйы фæстæ дзыназгæйæ баззадыстæм*- Уæ нæ быны лæдзæг нæ къухмæ куыд райстам. Уæ Къоста, дæ рæсугъд æрфгуытæ æмæ сау цæстытæ Саумæрмæ хæссынæн куыд æвгъау ысты. . Ма аком, Къоста, быны саумæрмæ. Дæдæй, додой, Къоста, Дæ ныййарæг мад Гуыбаты уæздан чызг дæм Худгæйæ, мыййаг, куынæ рауайдзæн, Уæдæ дæм дæ хæрзконд фыд Леуан дæр Нæ рауайдзæн, нæ дыл бацинтæ кæндзысты: Уыдон дæ фидар бындурæн куы ныууагьтой* Æмæ ды та саумæрмæ цæуæг цæмæн фæдæ? Дæдæй, додой, боны калдæй дæ баззадыстæм, Далæ дард Лабæйы дæ иунæг зынг Тæригъæддаджы хуыст куыд акодта, уæ, сау бонтæ* Хуруæзæгыл кæугæ æмæ ниугæйæ баззадыстæм. * Мыхуыр цæуы цыбыргондæй. 54
Дæдæй, додой, Къоста, Мах тæригъæдæй Нарыхъæуы маргъ тæхæг дæр нал баззади, Уалæ бæрзонд хæхтæм фæтахтысты, Чи ма нæм баззади маргъæй, уыдон та Бæрзонд бæлæсты сæрыл бабадтысты Æмæ сæ базырты бын сæ сæртæ бамбæхстой. Ныфсытæ нын куы ’вæрдтай, мæ хотæ, Тæрсгæ ма кæнут, Къоста уын мæнæ ис, зæгъгæ, Уæд дæ боны калдæй куыд баззадыстæм, Дæ ныфсæвæрдтæй куыд равдæлон ыстæм. Дæдæй, додой, Къоста, Дæ разæй Хуырымты диссаджы чызг Куы афардæг æнусон саумæрмæ йæ сæрыхъуын тонгæ: Акæсут-ма, Къоста нæма æрбацæуы, Тæхуды — тæхудиаг, йæ фæстæ кæсынæй куы бафсæстаин, Æмæ йын йæ дæлфæдты къуыдыр куы фестадаин, Хетæгкатæн чындзы митæй куы бафæлладаин, Уæд абон сау мæрмæ зивæг нæ кæнин. Ныр-иу, Къоста, мæрдтыбæсты счындзæхсæв кæнут. Уæ, хъусæг адæм, Къостайау зыбыты иунæг кæмæй амарди, Уыдонæн мæнæ цы кæуæн бон ыскодта, Уæ зæрдæйы судзæгтæ-ма райхалут. . Уæ тæхуды, тæхудиаг, Æмæ мæрдтыбæсты къæвдайы бæсты æхсыр куы уарид, Уæд дзидзимондагæй йæ ком кæмæн хус кæны, Уыдон кæд æхсырæй бафсæдиккой. Уæдæ дзы миты бæсты та сæкæр куы уарид, Уæд уымы мæгуыртæ сæкæрæй бафсæдиккой. Дæдæй, додой, Къоста, Ды тæригъæдгæнаг уыдтæ, тæригъæдрæнаг. Дæхи дæр æххормаг фæ/адздзынæ, иннæтæн дæтдзынæ. Уæдæ дæм æнæ мад-фыд сабитæ уайгæ кæндзысты, Чи дæ дзы йæ фыд хондзæн, чи йæ фыды æфсымæр, Ды се ’ппæты дæр рæвдаугæ кæндзынæ, Мæрдтыбæсты дæр та иу ран не ’рлæудзынæ, Алырдыгæй та дæм цæугæ кæй кæндзысты. Дæдæй, додой, Къоста, Хур фæныгуылы, сау бон ныл бакодта, цæугæ кæныс, Фæлæ размæ цæугæ кæныс, фæстæмæ та дæ зæрдæ Æхсайгæ кæндзæни... Ныффыста йæ Хетæгкаты Нафирæт 55-
Нæ хæхтæй, нæ тыгъд быдыртæй Æмхуызон нæ иуæн дæр нæй,— Кæм кусæм, кæм цæрæм, кæм бадæм!.. Къоста НОГЪАТЬГ ТЕБО КУЫД АРÆЗТ ÆРЦЫДИ КЪОСТАЙЫ ЗАРÆГ 1900-æм азы фæззæджырдæм фембæлдтæн Дзæуджыхъæуыг тменыхъæуккаг Царахаты Хъайтыхъойыл æмæ санибайаг Дзиуаты Гæвддйыл. — Мæнæ дардмæ кæй агуырдтам, уый хæстæгмæ ссард- там! — бащш кодтой. — Цы хабар у? — фæрсын сæ. — Мах сфæнд кодтам Хетæгкаты Къостайыл кады зарæг скæнын,— загътой мын.— Æгайтма дæуыл фембæлдыстæм, ныр æй бонæддæдæр нал æргъæвдзыстæм! Æхсызгон уыдис уыцы фæнд мæнæн дæр. Хъуыддæгтæ мæ уыди Дзæуджыхъæуы, фæлæ сæ ныууагътон. Ацыдыстæм æр- тæйæ Тменыхъæумæ. Мæнæн мæ сцрипкæ мемæ. Æрфысым кодтам Царахаты Хъайтыхъомæ. Хорз кусарт нын акодта- Хъ’æуы фæсивæд хабар куы базыдтой, уæд нæм иугай-дыгай цæуын байдыдтой. Чидæртæ дзы æрбадтысты немæ фынгыл, иннæтæ лæууыдысты уырдыг. Иу-дыууæ гаджидауы фæстæ Хъайтыхъо загъта ныхас Хетæгкаты Къостайы цæрæнбоны тыххæй. Рæгъ куы ахицæн, уæд бавнæлдтам мотив хъуыды кæнынмæ. Алчи дæр хъуыды кодта æмæ-иу йæ мотив сындæг азарыдис. Æз-иу скрипкæйæ афæлтæрæн кодтон, æппынфæс- таг иу мотивырдæм адæм тынгдæр здæхын байдыдтой. Иу æй базары, иннæтæ хъырнынц. Æз дæр æй хæссын скрипкæйæ. Афтæмæй мотив фидар кæнын куы байдыдта, уæд бавнæлдтам дзырдтæ хъуыды кæнынмæ. Царахаты Хъайтыхъо загъта: — Æгæр тагъд ма кæнæм хъуыддагыл. Зарæджы здæхт æнаипп хорз куыд рауайа, йæ дзырдтæ фаг рæвдз куыд уойг уый тыххæй-ма хъуамæ æххуысгæнæгмæ фæдзурæм. Уыцы фæндон æппæтмæ дæр хорз фæкаст. — Дæргъæвсы цæры Токатæй Бига,— загъта дарддæр Хъайтыхъо.—Иттæг дæсны у уый зарынмæ æмæ зарæг кæнын- мæ. Арвитæм æм ныртæккæ, тагъд нæм куыд фæзына, афтæ* Уайтагъд хонæг абадти бæхыл æмæ афæндараст ис. Бб
Дыккаг бон нæм аходæнафон фæзынди Токаты Бига. Уый Вайхъуыста мотивмæ зæрдиагæй. Йæ зæрдæмæ фæцыди, фæ- лæ дзы иу фæзылд чысыл фендæрхуызон кодта. Тменыхъæуы фæсивæд нæ разæй цух нæ кодтой, зæрдиагæй ахуыр кодтой ног зарæг. Иукъорд боны фæстæ, ныр æй хорз базыдтой æмæ йæ иннæ хъæутæм дæр хæссын фæраздзысты, зæгъгæ, уæд мах цыппа- рæй — Хъайтыхъо, Гæвди, Бига æмæ æз араст стæм Дæр- гъæвсмæ. Уым æрфысым кодтам Токаты Бигайы хæдзары. Цы бацауæрстаид уый дæр ахæм хъуыддаджы тыххæй! Дыууæ бо- ны фестæм Бигайы хæдзаръг^ алы хæрд-нозт нæ разæй цух нæ кодтой. ДæргъæЕСы цæрджытæ зараг адæмыл нымад сты. Ца- лынмæ уым уыдыстæм, уалынмæ фæсивæд нæ разæй цух нæ кодтой. Ныр ам дæр та зарæг фаг хорз базыдтой, зæгъгæ, уæд та рараст стæм цыппарæй Быдыры Хъахъæдурмæ. Мæ фæнд- мæ гæсгæ уым æрфысым кодтам Дыууры Иласмæ (хæстæг мын уыди). Рацыди нæ размæ бæрзонд хæрзконд лæг, халас зачъе риу æмбæрзта æгасæй дæр. Хъуыддаг куы базыдта, уæд йæ цинæн кæрон нал уыдис. Йæ цæсгом хурау ныррухс, афтæ- мæй фæхъæр кодта: — Гъе, уæ рынтæ уын бахæрон, уыцы хорз хъуыддаг чи кæны! Уæ цæрæнбонтæ мыы бирæ ’рбауой! Аргæвста гал. Æрхуыдта зынгæдæр хъæуккæгты, фæ- дзырдта фæсивæдмæ. Фæзарыдыстæм æгас изæр. Дыккаг бон хабар айхъуыстис æгас хъæуыл, æмæ адæм æмбырд кæнын байдыдтой Иласы хæдзармæ. Хæдзары нæ, фæлæ кæрты дæр нал цыдысты адæм. Сфæнд кодтам уынгмæ рацæуын. Уынджы иуырдæм дæр, иннæрдæм дæр ацæуæн нал уыд, афтæ байдзаг адæмæй. Бирæ фæзарыдыстæм уым. Мæнæн мæ къух бафæл- лади скрипкæйæ цæгъдынæй. Ам дæр та зарæг фаг зындгонд куы фæцис адæмæн, уæд араст стæм Æрыдонмæ. Иу уæздан- зæгъæг нын нæ фæцис Æрыдоны, ничи йæ хъус æрдардта хъуыддагмæ. Цы бамбарын нын æй хъуыд: Æрыдоны царди булкъон Хоранты Созырыхъо, зарæджы та уыдис уымæн хъы- гаг ныхæстæ, Къостайæн йæхи ’мдзæвгæтæм гæсгæ. Æвæццæ- гæн, адæмæй чи зæрдæхудтæй тарсти, чи та æфхæрынæй æмæ нæ балцы сæр куы бамбæрстой, уæд нæм уымæ гæсгæ ’мгæ- рон ничи ’рцыдис. Æфхæрд дæр æнахуыр хъуыддаг, мыййаг, яæ уыдис, уый мах дарддæр базыдтам. Хъыгзæрдæйæ адард- там нæ фæндаг дарддæр Пысылмонхъæумæ (Ногхъæу). Уым æрлæууыдыстæм Хъайттаты Тæтæрхъанмæ. Уый ныл хорз бацин кодта. Аргæвста уый дæр гал. Æрхуыдта хъæугæ адæ- мы, фæсивæды. Уым дæр та минасы уæлхъус бирæ фæзары- дыстæм. Фæсивæд тынг айстой сæ зæрдæмæ Къостайы зарæг. Уайтагъд æй ацахуыр кодтой. Дцыдыстæм уырдыгæй Салыгæрдæнмæ. Цин кодтам, хъуыддаг афтæ хорз кæй цæуы, уый тыххæй, ныфс нæ уыдд, .зæгъгæ, дарддæр дæр афтæ лæгъз ацæудзæни. Нæй, хъуыддаг дарддæр афтæ лæгъз нæ ацыди. Фьщцаджыдæр нын Салыгæр- 57
дæн нæ зæрдæ фæхъыг кодта — тынг уазал цæстæй ракасты- сты уымы адæм нæ хъуыддагмæ. Æхцайы хъуыддаггæнджы- тæ, базаргæцджытæ арæх уыдысты уым. Æмæ пайдамæ здæхт адæмæй уæдæ æндæр цы рацæуа! Бацыдыстæм Бирæгъзæнг- мæ. Æрфысым кодтам Гæбуты стыр хæдзары. Хорз нæ суазæг кодта Бирæгъзæнджы хъæу. Фæзарыдыстæм дзы æгас бон. Бызы дæр ныл хорз бацин кодтой. Дыууæ боны дзы фестæм. Уый фæстæ — Уынал. Нæ фысым уыди Цæллагтæм. Фæзары- дыстæм уым дæр. Фæсивæд зæрдиагæц бацахуыр кодтой за- рæг. Фæлæ Уыналы фæстæ нæ хъуыддаг фехæлдис. Уыцы ха- бар мах æрæджиау базыдтам, фæлæ Уыналы царди Цæллаг- тæй иу, Бимболат йæ ном, йæ иу къух хауд, кæмдæр ын æй æфсæйнаг фæндаг атыдта. Уый уыди дзырдхæссæг Хоранты Созырыхъойæн æмæ Салыгæрдæны пъырыстыф Хъараты Дот- тийæн. Бимболат фæфæдис кодта Доттимæ (уый та уыди Со- зырыхъоимæ æмдзæхдон, хæлар). Уыцы хабар мах нæ зыдтам æмæ æнцад-æнцойæ араст стæм дарддæр — Мызурмæ, Садон- мæ... Нæ зæрды уыди суанг Нармæ — Къостайы райгуырæн хъæумæ — бацæуын. Мызурмæ куыддæр схæццæ стæм, афтæ пъæлицæ уым балæууыди. Пъæлицæйы барвыста Салыгæрдæ- ны пъырыстыф. Æрцахстой нæ, ракодтой нæ Уыналмæ æмæ нæ уым ахæстоны бакодтой. Не ’хсæв арвыстам уым. Райсо- мæй нæ етапы уагæй акодтой Салыгæрдæнмæ. Уым дæр танæ ахæстоны сбадын кодтой. Райсомæй аходæнафон нæм фæсид- тысты пъырыстыфмæ — Хъараты Доттимæ. — Цы кæнут ай? Цы уыл æрцыди? Цы хъарджытæ кæ- нут? — райдыдта Дотти.— Уæхæдæг дæр дзæгъæлы сафут уæ рæстæг, иннæ адæмы дæр, сæ хъуыддæгтæй цух кæнут. Бирæ фæдзырдта Дотти, «хорз уагыл» нæ ахуыргæнæг ныллæууыди, стæй нæ дзырд айста, зæгъгæ, абонæй фæстæмæ ныууадздзыстут ацы æнæхъуаджы зарæг, кæннод карз æф- хæрд æрцæудзыстут. Цы ма загътаиккам? Рацыдыстæм? Рацыдыстæм. Налуæн- дыдыстæм зарын мах цыппарæй, фæлæ-ма хъæуты адæмы чй баурæдтаид! Къуыбырæй дур чысыл куы фесхойай, уæд тул- дзæн, уæдæ цы кæндзæн, цалынмæ йæ ныллæууæн бынат сса- ра, уалынмæ. Фæлæ Къостайы ном хъуамæ ныллæууæн бынат ма ссара, хъуамæ цæуа размæ æмæ цæра, цалынмæ ирон æв- загыл дзурæг уа, уалынмæ. Дзæуджыхъæуы бацыдыстæм Къостайы ’рвад Дзанайты Садуллæмæ. Æхсызгон ын уыди нæ хъуыддаг, бацин ныл код- та, арфæ нын ракодта, нæ ныв нын систа. Уыцы рæстæджы Къоста царди Пятигорсчы. Нæ фæндаг- æхгæд куынæ ’рцыдаид, уæд нæ балц уырдæм уыди. Къостайы зарæгæн йæ ныхæстæ арæзт уыдысты йæ фьгсты- тæм гæсгæ æмæ мах æрымысгæ дзырдтæй. Хорз уыдаид бæр- гæ, ацы ран зарæджы ныхæстæй исты мыхуыргонд куы ’рцы-, даид, фæлæ дзы мæ зæрдыл цыдæр гæбæзты йеддæмæ ницы- уал лæууы. «Мах дуг», 1935 аз, № 3—4~
Весь мир — мой храм, любовь — моя святыня, Вселенная — отечество мое... Коста ЯН МАЙЕРНИК ТÆЛМАЦГÆНÆГÆЙ Ян Майерник у нырыккон словакаг поэт æмæ тæл- мацгæнæг, цалдæр чиныджы автор. Йæ мадæлон æв- загмæ раивта Къостайы «Ирон фæндыр». Уый ацы аз рацæудзæни Братиславæйы. Ауалдзæджы Джусойты Нафи, Малиты Васо æмæ æз уыдыстæм Словакийы, фембæлдыстæм Майерникимæ, зæрдиаг ныхас фæкод- там йемæ. Къостайы поэзи йæ удæн адджын цæй тых- хæй у, уый журналкæсæг æнцоиæй раиртасдзæн, йæ- хи æмдзæвгæтæ йын куы бакæса, уæд — Майерник дæр ирон классикау йе сæфт уыны царды хæрæмттæй: искæй уды бартæ ссæндынæй, тыхмийæ, фыдракæн- ’бæй, нымудзынæй, давынæй, сайынæй, æввонгæй цæ- ;рынæй, бæрзонд бынæттæм тырнынæй æмæ æндæр <ахæм чъизи хъуыддæгтæй. Поэт кæны раст, æхсарджын æмæ æргом ныхас, хабийау у æнæхин, æфсæрмдзæстыг, сæрдыгон ирд райсомау йæ зæрдæ — æнæкъæм, рæсуг» парахат, сæ- рыстыр. Æхсызгон нын у Иры хæлæрттыл та иу кæй баф- тыд, уый æмæ йын «Мах дуджы» дуæрттæ гом кæнæм рухсцæстæй, рæдау зæрдæйæ. Куы уыди зын, уæддæр-иу æз нæ хъуыстон кæйдæр зондмæ: нæй садзгæ зондæй зонд. «Мæнгард у цард,—дзырдæуыд мын,—æлгъыст у, йæ кой дæр ма кæ, н’ аивдзæн йæ конд!» 59
«Цард афтæ у, цард уфтæ у...» Ныхæстæ... Ай-гъай, ныхæстæ... У дæхæдæг раст! Хæцыс? Уæд хæц æхсаргардау æлвæстæй! Кæд уарзыс — уæд æнæивгæ дæ уарзт! 0, царды рохтæ галиуырдæм ма здах, мæнджы мæнг хон, æцæджы та æцæг. - Фыд æмæ хорзæн иумæйаг у а зæхх. Фыд дæр лæг кæны, хорзæхтæ дæр — лæгГ ФЫН Бацыди чызджы хуызы гæды ми, никуы федтон ахæм рæсугъд æз. Фыны мæм æнæнхъæлæй фæзынди уыцы чызг — æппæтæй дæр æххæст. Уый мæнг уыдис, уый нæ цард æцæгæй, йе та цард æндæр дуджы, кæддæр... Хурмæ калдтой йе ’нгуылдзтæй, йæ цæнгтæй дидитæ, хæзна дуртæ цæхæр. Ды —æфсæст, æз та, мæ бон, ыстонг дæн! Фыны мæм цы чызг æрцыди ныр, разынд уый (мæн аххос нæу) мæ зонгæ: уый уыди дæу æнгæстæ... Хатыр... Мæ урссæр фыд æрхæндæгæй, куыстдомдæй дзырдта мæнæн: «Цы уыдзынæ, мæ фырт? Æрхауди та мæм а райсом дæр дзырд — поэт, дам, циу — ныммæлы, дам, ыстонгæй!» «Æлгъаг даутæ!» — æз рафыхтæн фырмæхзтæй,. мæхæдæг та мæ гуыбыны хъуыр-хъуыр хъæр-ныхасæй, дзымандытæй æмбæхстон? мæ фыд ныхъхъус и, нал дзы хауди мыр. Йæ бафхæрæг «амалджын» уыд, æрвыста йæ бонтæ хъалæй, йе ’хцатæ — йæ тых... Мæ фыдæн мардæй гом уыдис йæ дзых: зæххæй уæлæрвтæм йе стонджы хъæр хъуысти^ «Амалджын» лæг... Цæры ныр дæр æввонгæй, былысчъилæй: йæ цуры циу поэт? Кæсы бынмæ йæ гæлдæры бæрзондæй,., кæсы бынмæ, поэзимæ, Джелбетт1 60
ИЗÆР Бадын уаты иунæгæй фæсизæр, бон фæлладæй къуымрæбын хуыссы. Бахæцыд фæззыгон сыфтыл ризæг. Калд бæлæстæ... с" артмæ сын кæсын: бандзæрстæуыд ме ’взонджы ныфсытыл, фæздæг арвыл сæнцади — цæджындз. Сонты бонтæ ’хсæлыйы пыхсытау цæхæры уæззау цъыс-цъыс кæнынц... Зæхх уыны йæ тарф фынты йæ фидæн, здæхынц мæргътæ хуссармæ, хъæмæ. Бафæраз-ма, лæуу, мæ зæрдæ, фидар иу фæззæг... фылдæр-фылдæр — дыууæ.. ТАЛЫНГ Зæгъдæргом талынг артæвзагау сонтæй лæбуры уадмæ, иргъæвын нæ комы; сæ хъæлæстæ, гуыр-гуыргæнгæ, бæрзондæй тæхынц дæлæмæ, бамыр ысты комы. Æнафоны кæй нæртон уд ысцоппай? Хъæрзы дæлдзаёхы, рафæлгæсы цъуппæй. Поэт, ды сыстыс дзулгæнæгæй раздæр, дæ хиды ’ртæхтæй бантауыс дæ хыссæ. ...Зæххыл цы лæг у намысджындæр, уаздæр, гъеуый уа хъуамæ аргъгæнæг дæ куыстæн! Хъодзаты Æхсары тæлмацтæ-
Как сладко за свою свободу, Как мысль беспомощную жальГ Обнять весь мир, постичь природу, В надзвездную проникнуть даль... Коста, ИВАН ИВАНОВ Болгайраг горæт Пазарджык æмæ Стъарапол сты кæнгæ *фсымæртыл нымад. Поэт Иван Иванов цæры Пазарджикы. Йæ иу æмдзæвгæйы уый ссардта ном- дзыд ирон поэт Къостайы æмæ Цæлыккаты Аннæйы нæмттæ. Æмдзæвгæ уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй ра- цыди газет «Ставропольская правда»-йы 1988 азы 7-æм октябры. Мæнæ уыцы æмдзæвгæ. АННÆ Оæумæ та дард бæсты, фыдраны поэтæн айсæфтис йæ фын, зэедау йæ цæстыл ауад Аннæ, цæй зын у иунæгæй, цæй зын! Йæ Ир, йæ фыдызæхх та мысы Къоста — æрхæндæг æмæ рыст, о Аннæ, де ’рвон хъæлæс хъуысы, æмæ йæм хуры тын æрхызт. Поэт-иу сабийау дæ рухсмæ нывæста хъал фæндтæй йæ сом, æмæ йæ уаз уарзтæй æнусмæ уæлæуыл баззади дæ ном. Хъодзатщ Æхсары тæлмац
Цæйут, æфсымæртау, Радтæм нæ къухтæ Абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!.. Къоств
ГУСАЛТЫ БАРИС ФАЛЛАГ, БÆРЗОНД БЫЛ Уацау «Цард алцæмæн дæр баззы, цæрынæн йеддæмæ. Чи загъта, алы адæймаг сфæл-. дыстадон цъупп у, сфæлдыстады тæккæ бæрзонд у, уый-ма мæ цурмæ æрбацæ- уæд ныр. Æрбакæсæд-ма мæ цæстытæм, цымæ нæ фефсæрмы уаид». Фæрнион, «Уады уынæр». ...Æмæ уый барæй нæ, уый йæхигъдауæй афтæ рауайы, йæхигъдауæй. Æндæр уæдæ, ау, сæрмагондæй куыд хъуамæ фæуа лæг хъуыдытыл, куыд хъуамæ зæгъдзæн йæхицæн, зæгъгæ, мæнæ ныр, тæккæ ацы сахатыл æндæр мацыуал архайон, мацыуал кусон æндæр æмæ, цæй, æмæ хъуыдытыл фæ- уон, сагъæстыл схæцон, исты бæлвырд хъынцъым кæнон, ахæм æмæ уы- хæм хъуыдыйыл фæхæст уон — ау, искуыдæр ма исчи йæхи афтæ барвæн- дæй баифтындзы... Никуы. Ничи. Уымæн æмæ уый барæй, хиамидингæн- гæйгæ нæ, фæлæ æрдзон æгъдауæй афтæ рауайы, æрдзон хуызы, иугæр адæймаджы йе скæнæг, йе сфæлдисæг Æрдз хъуыды кæнынæн сфæлды- ста, уæд. Афтæмæй та... Афтæмæй та — диссæгтæ, диссæгтæ! — афтæмæй та иу иннæйы зонд раст зондыл кæ нымайы æмæ йын æй йæхирдыгонау рæстытæ кæны, сыз- духы йын æй, сæрдæнæн ыл, коммæгæсдæр цæмæй уа, уый охыл сæрдæ- нæн ыл сойдзаг ныхæстæ фæтадзы, йе ’фсарм ын фæагайы, йæ налат æхса- рæй йын йæ рæстуд зонд йæхирдыгонау сбæззон кæны. Стæй, иудзæвгар рæстæг куы рауайы, куы æрчъицы уыцы налат æхсар æндæр дуджы рухсмæ, уæд та дзы хатыртæ фæкуры, лæгъстæтæ та йын байдайы, ног сойæ сæрст ныхæстæ йын фæтадзы йе ’фхæрд зондыл, æрттиваг зæгæлтæ йын дзы ных- хойы æмæ йын феппæлы, коммæгæс цагъарæн йæ цард куыд тæхудиаг у, уисæнгæнæг хъузон куыд æвæсмойнаг у, ку.ыд хæлæггаг у, уымæй — ды ^деер мæ фæстæ иннæты зонд ивдзынæ, сой сыл тадздзынæ, сойсæрст ны- хæстæй сын зæрдæтæ æвæрдзынæ бæллиццаг фидæнæй æмæ уæд, де ’мзонд куы сой, уæд сæ ды дæр та хъазуаты æрвитдзынæ (маршæл суа, уый кæцы салдаты нæ фæкды!], æмæ сæ ды дæр та æрвитдзынæ дæ Тырысаи- мæ... Кæдæм! Кæдæм, уый рæстæг амондзæн. Сæйрагдæр, адæмы сæхи æрдзон хъуы- дытæм хъусын ма уадз! Фæлæ та адæймаг сæрибарæй куы сулæфы, бархъомыс ын чи уыд, уы- ^ы галиу зонды пъæззы æмæ уæзæй, уый къæйдуры бынæй тыхтæй-амæлт- тæй куы раирвæзы Хуыцауы боны рухсмæ, куы афты удæргом хъуыдыйы быдырмæ, куы æрчъицы адæймаг æмæ куы æрæмбары йæхи, йæхи гыццыл цин та стыр арвы дзаг куы вæййы, йæхи уды дуне стыр дунейы æмыйас куы свæййы, иу лæгæй уымæй цы аразгæ у ацы зæххыл, иу лæгæй уый сæ цард- гæнæг, сæ хъысмæтаразæг, сæ амондхæссæг æмæ сæ бæллæхæвæрæг кæ- мæн у, уыцы адæмимæ йæ тугхæстæг куы бамбары — йæхимæ æнæ садзгæ 64
зондæй фаг зондджын æмæ амалæн конд лæг куы æркæсы, уæд та йын ног сахсæнтæ уæдмæ цæттæ вæййынц — адæмы æмæ æхсæнады номæй! Фæлæ ког сахсæнтыл — зонды ног сахсæнтыл ома цалынмæ нæ фæхъуы- ды кæны лæг, уыдсныл хъуыды кæнынæй цы цыбыр дуг фæсæрнбар вæййы æмæ йыи куыд адджь:н уР куыд адджын æмæ йын куыд æхсызгон у уыцы сæрибар уысмы дуг, уьв?4 куыд бамбары, афтæ ныр Фыдæн дæр а;*ы лыстæг хъуыддагг алы æиæдомд хъуыды дæр амонды улæфт у, алы æнæстъæлфгæ хъуыды дæр ын цины хос у, æмæ ныр алырдыгæй дæр Фыдмæ царды æр- гом ад хъардта, амоядæргом ад. Цæуылдæр^ддæр афæаиат вæййы йе’вдæ- лон хъуыды, цыфæиды мысинаг дæр æрбалæууы йæ зæрдыл — рухсæй, удирдгæнгæ рухсæй цæстыты раз сысты хъуыдыйы нывæфтыд фæлгонц: зæ- гьæм, æрдæбои ахъуыды кодта хосы мæкъуылыл æмæ — хоеы мæкъуыл дæр аяыхуызон кæрдæджы халæй куы у, алы кæрдæджы, стæй тыкг фæйнæ- хуызон куы сты кæрдæджытæ, фæлæ уæддæр иумæ куы фидауынцг хосы адджын тæф куы кæныкц, сындз дæр ма куы сфидзуы се ’хсæн, уæд, йарæ- би, алы зондыл хæст адæм... О, æмæ зсосы мæкъуыл æрымысгæйæ йæ цæстыты раз сыстад — уыцы ирдæй сыстад, уыцы! — хохы хурджын, лæгъз, цъæхнæуу фахс хъæдрæбын æмæ йæ уæлæ раздæр фæйнæрдæм фæгсырх сты, стæй хъуыдыдзастæй æн- дзыг алæууыдысты тар морæбын мæкъуылтæ. Куыд сæ фндауы хъæдгæрон хохы цъæхнæуу лæгьз фахс? Зæрдæмæ дсы райдзаст цин куыд багуылф кæны! Æмæ цы херз вæййы хæдзонд сæрибар адæймагæй хи æнкъарын, æппæтимæ дæр бафидауынмæ — зоиды æмæ хæлар зæрдæйы авналæн- тæй — бафкдауынмæ цæттæ адæймаг, æплæт дугты бæллиц æмæ фидауц гдæймзгсгй пуы фзнхъарыс дæхи, уæд уый цы хорз дуг вæнйы! Фыд йæ Фыртмæ бакаст æмæ йæ фæндыд, уымæн йæ зондгалиугæн- джытæ куы н&а узод, йæ лæджы кары куы бацæуа, уæд тыхмийæ дæр æмæ сойсæрст сагёд ныхæстй дæр ирвæзг куы уаид, æМгæртты æмæ адæмы æхсæн нымгд; йæ цæугæ æмæ рæзгæ царды уæнгрог æмæ рухс зæрдæйæ, йæхæдæг дæр дæлбар куыд нæ уа æхсарæй архайæг садзгæ зондæн, искæй дæр кæйдæр зрдыдæн дæлдзæуин куыд нæ кæна, афтæмæй еыгъдæг æф- сармимæ лæгдзинадæххæстæй, уæнгрог æмæ рухс зæрдæйæ куы сбарид йæ царды дæргъвæтин. Фæлæ Фыд æргом бæлвырдæй Фырты фидæн нывæфтыдæй нæ уыдта— кæхи царды нывтыл æй карстга æмæ йæ сæрбæрзонд æмæ худгæйæ, æнæр- цæф хъгэлдзæгæй уыдта. Æмæ йын уый дæр æхсызгон уыд. Фæлæ цæсты- ты раз и’ыпып кыв кæй кæ сыстзд, уый Фыды йæхимидæг батыхсын код- та — æмæ уæд снстыл, ирон, дойкаг дуртæй амад систыл ахъуыды кодта æнæбары, сæрмагоидæй кæ, фæлæ йæм йæхигъдауæй фæзьшд систы тых- хæй хъуыды, æмæ рафæшгг-бафæлив байдыдтой зонды уынæн фæйнæг-ар- выл алыхуызон нывтæ. Ирон систза! О, ирон. Уымæн æмæ æкдæр адæм дæр кæд дойнаг дуртæй амайынц систæ, уæддæр сæ ир сæхирдыгонау, сæхи зондмæ æмæ зæрдæмæ гæсгæ амадтой — Уым дæр, Уым, ерæны фале адæм, хæххон адæм,— Уым дæр амадтой дурæй гæрæнтæ, къултæ, систæ æмæ æмбондтæ дæр, фæлæ сæхи зонд æмæ зæрдæйы нывтыл. О, фæлæ... Сис, уæлæмæ дæр æмæ дæлæмæ дæр сис йеддæмæ мацы уæд, хъæбæр дойыаг дурæй сис, афтæмæй ирон сис уæд æцæгæйдæр, ирон ад кæнæд, лæджы зæрдæ йæ ирон æнгæсæй агайæд — Уымы систæ æмæ гæрæнтæ дæр норстæй сæ мидæг лæджы къухты хъарм æмбæхстой. Æмæ уыдон дæр 5 Мах дуг № 10 65
тавынц, се ’нгас, се ’взаг, сæ тафс сын чи хаты, уыйг фæлæ æцæгæлоны зæр- дæ нæ фестъæлфы æхсызгон уылæнæй, нæ сыстынц йæ цæстыты раз йæхи царды нывтæ, йæ зæрдæйы нæ фены нрон рухс: иугæр уд ирон у, уæд ын æппæт дæр ирон ад кæныг ирон цин æмæ ирон маст. Дзæгъæлы æфсæрмы кæны хинымæр ахæм хъуыдыйæ дæр, бынтон дзæгъæлы стъæлфы лæг йæ- химидæг, уымæн æмæ æрмæст ирон лæг нæу ахæм адæймаг — алкæмæ дæр йæяи фыдæлты рухс кæлы ивгъуыдæй, аякæй зæрдæ дæр йæхи адæмы хъæ- лæстæй зары æмæ дзыназы. О, æмæ ирон систыл куы ахъуыды кодта, уæд та ногæй — фыццаг хатт сыл нæ сагъæс кодта, уыдис ма-иу æм ахæм хъын- цъымтæ — æмæ та ногæй бацыд дисы: цас дур-иу бахъуыд донæй былгæрон- мæ скалын, уый фæстæ сæ бæхуæрдæттæ æмæ галуæрдæттæй фæласын, уый фæстæ змнс дæр афтæ, стæй чъыр дæр самал кæн,— бирæ чъыр, тынг бирæ,— æмæ йыи удайынæн дзыхъытæ скъахын, дон дæр сæ куыд нæ хъуыд чъыр уадзыкæн, дон; рагацау æмбæрзæн æмæ агуыридуры сæстытæ бацæттæ кæнын — сис амайгæйæ дойнаг дур цæмæй йæ бынаты хуыздæр сбада, йæ бынат арæхстджындæр, æнусмæ æнцойдæрæй цæмæй æрцахса, уый тыххæй йын йæ быны æмбæрзæны дуры саст кæнæ агуырчдуры къæртт фæцæв. Уæдæ сæ чъыр æмæ змис дæр цас змæнтын хъуыд, уый дæр фæл- лойаг æмæ замана у, уымæн æмæ ирон сисыл бирæ/æгæр блрæ хардз цыд чъырызмæст — æмæ æппæт уыдæттыл куьз ахъуыды кодта ногæй, ныр бæл- вырддæрæй, æхсызгон ын кæй уыд ныр алы иыстæг хабарыл дæр бæстонæй хъуыды кæнын, уымæ гæсгæ, уæд йæ цæстыты раз хицæн нывгай сыстады- сты фадыгфæлдæхт гомгуыр лæипутæ; сæ нуарджын уæнгтæ хурмæ æртти- вынц, афтæмæй хъæлдзæгкыхасгæнгæ Цæугæдоны тæнджытæй былмæ рæс- тæмбис дуртæ зыввыттæй æхсынц, стырдæр дуртæ сæ хъæбысы рахæссынц æмæ сæ цæндты уæлæ æппарынц; хуылыдз уæззау змис беягомгай уæрдæт- ты гуыффæмæ æвгæнынц, гуыффæйы фæйнæджыты æхсæнты йæ дон мизы. Стæй чъырыл дон уадзы’нц, уый пæлхъ-пæлхъæй фыцы, таппузтæ сыр-сыр кæнынц. Стæй сисамайджытæ хъазуэтæй кусынц, худынц, ныхасæппарæн кæ- нынц кæрæдзимæ, дыккаг бон дæр та хуррæстæг куьв сиæннд, къæвда сæ куы нæ бакъуылымпы кæнид, уымæ кувыкц. Стæй сæ фæллад уадзьшц кæ- нæ сихор фæхæрынц — æмæ-иу уæд цымæ цæуыл дзырдтой, цы-иу уыд сæ зæрдиаг ныхасы сæрг сæ масты сындз, сæ уæнгроггæкæг æмæ зæрдæрухс- / гæнæг цин-иу цымæ цы уыд! Цыфæндыйæ дæр хæлæггаг уыдысты хьасуатсн фыдæлтæ сæ сæрибар хъуыдытæн, ахсджиаг куыст сæ-иу баиу кодта, царды тых æмæ сын уды хъару лæвæрдта, кæд сæм галиу бархъомыс зонд гæппæввонгæй лæууыд, сойсæрст ныхæстæ сæм æртæдзыиæвзонгæй кастысты — иугæр паддюхад ис, ис адæмы хардзæй, уæд уый кæддæриддæр куьзд нæ тырны лæджы зонд йæ уацар бакæнынмæ,— фæлæ уæддæр сæ куысты уæлхъус амонд- джын адæймæгтæ уыдысты: зæрдæрухс фæллойы фарк удирвæзынгæнæг уымæн у, уымæн. Æмæ та Фыд, æппæт адæттыл æнæстъæлфгæ зæрдæкцойæ куыд хъуы- ды кодта, афтæ ©ыртмæ бакаст. Йæ зæронд джинс хæлафьа нарæг фады- гыл гæрстæауындзæн къæбæл, цæмæй йын æй лисапеды рæхыс ма ацах- са æмæ ма аууила, уый тыххæй. Æнæуи дæр ын æй уыцы нарæгæй нæ ацах- стаид, фæлæ иугæр Фыд йæ æфсæддон хæлафы уæрæх фадыгыл къæбæл куы бафтыдта, уæд æй Фырт дæр бафæзмыдта — афтæ йæм сдзырдта йæ гыццыл уарзæгой зæрдæ {йæхи дæр уарзта уыцы сахат Фырт æмæ Фыды 66
^æр æмеэ йын тынг æхсызгон уыд афтæ уарзгæйæ цæрын), цыма уæд хуыз- дæр, лæгдæрхуыз, æвзыгъддæрхуыз уыдзæн. Æмæ йæ фадыг иуварсмæ ай- сæзта, зсъæбæл ьп бафтыдта, фæбузныг йæхицæй, скаст Фыдмæ æмæ ных- худт, ныххудт, уымæн æмæ йæ бамбæрста: Фыд ын базыдта йæ хьуыдытæ. Æмæ уыч, сгзхи, куы рæвдзьзтæ кодтой сæумæпьш, уæд уыд. Ныр та... Фырт йæ къухтæ суадзы лисапеды сыкъатæгоид хæцæнæй æмæ аф- тæмæй схъæры — сыгъдæгæй йæхицæй æппæлы, уадз æмæ æппæла, цæ- уылнæ хъуомæ æппæла, кæд æмæ арæхсы, уæд—йе ’мæхнн цин æхсызгон кæй у Фыдæн, уый, иблис, зоны. Æигуьертæ дæр уымæ сты, уаллæттæ æмæ хъугдæйтæ цы æрдæгызгæ консервы къоппы сты, уый дæр уартæ—лиса- леды саргъы цьæгмæ бастæй, хатгай йе ’мыр къуырцц фæцæуы (мидæгæй дзы фа/^жысы — дысон хъугдгэйтæ æмæ сырх уаллæттæ цы фаджысы къах- той, уый хæрог сыджыт дзы куы нæ уамд, уæд къопп афтидæй хæрзаг дзы- гъал-мыгъул кæнид.) О, æмæ ма ныр кæд Фыртмæ кæсы æмæ ма йæ цæгтæй кæд уыны, уæддæр ын йæ зæрдæ иог мысинаг бацахста: фыдæлтæ, дам, кæддæр афтæ загътой, зæгъгæ, æмæ, дам, æрцæудзæн ахæм дуг (фидиссаг æй хуыдтой æви тæхудиагЗ], æмæ адæмæн Терчы дур нал фаг кæндзæн — мæнæ ис уы- цы бок, мæнæ, æрхæццæ, нал фаг кæиыкц дур, хуыр, змис, чъыр — хæло- фæй арæзтады дуг ралæууыд, зразынц кæддæры кулаччытæн хæлæггаг чи уаид, ахæм бæстыхæйттæ. Суаиг ма цъæхсæр уæлсдгыгджын хæдзæрттæ дæр, æргъæу галуантау сты раст, æргъæу галуантау. Æмæ уадз æмæ аразой, кæрæдзи фæзмгæЗæ уадз æмæ аразой цæстырухс бæстыхæйттæ, уымæн æмæ хæдзараразæг лæг,— кæй зæгъын æй хъæуьз, цæй æвдисæнтæ хъæуы уымæн,—хæдзарарпзæг лæг хæдзархалæг лæгæй цардæн хæстæгдæр æй. йафы, зæххы уæлæ фидауцдæр у, хагагæ дæр фагæй фылдæр — хъыгаг, за- майнаг фылдæр фæкодтой, æгæр дæр ма, æгæр, тапф-тулфæй, хуыздæр цард æнхъсзп тутсæр йм!э тутзæрдæйæ циигæнгæйæ хæлдтой. Фæлæ та Фыдь: хъуыды æндæрырдæм айгæрста, æндæр кывыл ныффæ- стиат, уымæм æмæ æрдæбон, уагшæтты къопмæ кæсгæйæ, фаджыс куы æрьшысыд, уæд йæ цæстыты раз фегуырд дысоны зæрин арв, зæрин изæр. Фыртимгэ фæцæуыкц сыхы иумæйаг фзджыскалæнмæ хæлд куыройы къуырф дзьиъмæ, уь?л бæрзонд пыхс пысыраты æхсæнты — сæ дидинцу- пæлтты рьзг кглд,— йæхæдæг разæй фæндаг гæрста, йæ къæхты бын пысы- ратæ дыууæрдæм хьапгæ ссæндгæйæ, кæкнод фыртæн суэнг йæ сæрты кас- тысты æмæ йын йæ цæсгом басыгътаиккой. Стæй фæйлыдта фаджыс, арф, дыууæ-æртæ белгомы æрфæн — хус рæстæг ахаста иуцасдæр, æмæ хъуг- дæйæ, уаллокæй бьн;мæ, уымæлмæ сфзрдæг сты. Фырт-иу хъугдæйы куы рацат:-?з, йæ сæр ык-иу куы стыдта- уæд Фыд йæхæдæг дæр æккъардта хьугдæйы хырхгоид æфгæрты домбай тых — гыццыл сге фæуыгъта йæ^æдæг дæр, афтсэ съш-ну нæ тьздта сæ сæртæ, æмæ-иу ын йе ’игуылдчтыл куыд тыхдк ьз» ахæцыдысгы фæйнæрдæм сга дэмбай æфсæртæй, сæрьа фæйнæ фарс гэфсæртæй, уый куыд нæ хъуыды кодтой йæхæдæг дæр æмæ йе ’нгуьпдезтæ дæр. Æлæ... Æмæ... //.согуырæгтæ! Кузд кæ-иу хъуамæ гэ:гæ^ыдогд хъугдæй лæджья æн- гуылд-^ыл йæ фæстаг тых-æ æл^бырдæй, кæд аэмæ йæ, чи зоны, æмæ æм- бæрста, йæ гдзалы сзхат кæй ралæууыд, йæ бынсæфты сахат кæй æрцыд, йæ удæн ницы зонгæйæ, уьзй — йæ удæн кæй ницы фæзоны, йæхимæ кæй 67
ницы азым фæхæссы, кæд уымæн фæдывæр вæййынц йæ тыхтæ... Уаллон та цы! Уаллон æмæ уаллон. Æрмæст уымæн дæр фæлидзынæн, фервæзынæн исты амал куы уа, уæд йæ гæнæнтæй спайда кæны — уыцы рæвдз удаистæй фæцæйлæсы йæ хуынчъы, йе ’мбис куы аирвæза, йæ иннæ ’мбис йæ удхæссæджы къухы куы аззайа, уæддæр сфæлдисæгæй разы: аир- вæзтæ, зæгъгæ йæ, ууыл нымай, баныхæсдзæн дæ буар, байгас уыдзæн æмæ æрдæг уашюн дæр иниæтæн фи/^гссаг уаллон нæу, иоджы ма сæфты быды- рæй чи анрвæзт удæгасæй, уый. Фæлæ уæддæр уаллон цы! Сис æй æмæ йæ ныппар къоппы, айзæрд ыл сыджыты хæрогæй æмæ, уацары кæй баф- тыд, уый йæм нал хъардзæн — кæд æм фæхъары, мæгуырæг, уæддæр ма лæджы уый мæт ис, æрмæст æнæзонд сабийæ тæригъæд кæмы лæг алцæ- мæн дæр, æрмæст уæд нымайы алцыдæр йæхийау æмбарджын ацы зæх- хыл, фæлæ лæгыл лæджы кары алы тæхæгойты æмæ алы хилæгойтыл мæт иал фæфидауы, царды æгъатыр æууæлты рæстдзинадыл басæтты æвæндо- нæй йæ уд æмæ йын йæхи æрвылбон цард ахсджиагдæр свæййы. Æмæ та уыдæттыл дæр фæлгонцгонд нывæй-кывмæ, бæстокæй, хъуы- ды кæна, уый йæ нæ фæндыд, фæлæ йын йæ хъуыдытæ кæ бауисæн кодтой, нæ фæлыгъдысты æмæ сæ æнæнхъæлæджы фæбузныг: ног хъуыдыйыл баф- тыд сæ фæрцы, æхсызгон кæд иæ уыд, уæддæр хъуыдыйы ног фæзилæн у æмæ йыл бацин кодта, бацин ыл кодта, уымæн æмæ лæджы зонд цин бан- къары, ног хъуыды йын йæ быдыртæ куы срухс кæны, уæд — ацы æнкъарæн та йæм, раст зæгъын хъæуы, абон нæ райгуырд—фалæ, Уым æй бавзæрста, фæлæ дзы уæд æрбайрох, нæ йын фæцагайдта Уæд йæ зонд, ныр æм раз- дæхт дысоны мысинæгты халимæ, æмæ йын зæрдиагæй æхсызгон уыд, кæй йæ æрымысыд когæй, стæй ноджы ирддæрæй, уый. Царды æгъатыр фæткмæ гæсгæ æгъатыр лæг йæхæдæг уаллоны уавæ- ры куы бахауы, уаллены кад йеддæмæ дзы æндæр кад куы нал вæййы æх- сарæй хъомысджын лæджы цæсты; йæхæдæг царды æндæр уавæрты, ноджы хæрамдæр фæткы æууæлты куы бахауы æмæ куы æрчъицы, куы та æрæм- бары йæхи йæ тæвдæй — салдаты уаллон схонын кæуылты раст у, фæпæ йын ахæм номы аккаг йеддæмæ чи нæ хоны йæ цард — сойсæрст ныхæстæ кады уæзыл нымад не сты,— æцæг хуыцауы худинаг уымæн куы у, сой- сæрст ныхæстæгæнæгæн! О æмæ та куы æрæмбары лæг йæхи, уæд æм фæстæмæ сабийы хæларзæрдæ æнæхин зонд æрцæуы æмæ йын стыр хъыг вæййы, ахæм æнæхин, æнæмарг зондылхæст адæймагæн æдылы бæхтæрæ- джы файтоны буц бынат кæй нæй, уый. Куы фæцæф, æфсæддон рынчындоны куы æрчъицыдта, уæд æм рай- гуырд фыццаг хатт, йæ зонд ык мæнæ ныр бмкдзарæй чи фæцагайдта, йæ зонды быдыр ныр æндæр хуызы кæмæй срухс, уыцы æнкъарæн: хъæбæр- дзых кæй уыд, афтæ кæй æнхъæлдта, зæгъгæ, Ам æй æцæгдæр исты хъуыд- даг ис, ис ыл æппæтадæмон хæс, æвзæр æфсымæрæй хæстæгдæр хорз сы- хаджы хæс, уый мæнг кæй у, хисанæн кæй уыд уыцы зæрдæйы ахаст, уый йæ нь;рма кыр бауырныдта, куы фæцæф, æфмæстдæр æм уæд бахъардта— уæд дæр барæй нæ ахъуыды кодта афтæ, æнæбары фæхатыдта йæхимæ ахæм æнкьзрæн, æмæ йыл кæд дис дæр бакодта, фефсæрмы йæхицæй, уæддæр Уым нæ кыффидар йæ зæрдæйы, фидар дзы мæнæ ныр ныццис, ныр, когæй йæ куы æрымысыд æмæ йын йе ’нкъарæн уд æндæр хуызы куы ныррухс кодта, уæд. Цæф кæй фæцис, уый тыххæй нæ уыд тæригъæды ак- каг, стæй уый аккаг йæ мæлæт дæр нæ уыдаид (мæрдты ма фæстъæлфæнт. 68
Уым чи фæмард, уыдон), æппындæр та йе сгуыхт, хæстон лæджы сгуыхт уыд цины хос: цымæ-иу исчи нæхимæ зæрдиагæй бацин кодта Уым фесгуы- хæг Советон Цæдисы Хъæбатырыл! Куыд нæу диссагг куыд — фесгуыхт æмæ де сгуыхт адæмæн сæрыстыры хос ма уæд, адæм дын кады нуазæнтæ ма дæттæнт, уый нæ, фæлæ ма дын де знагæн тæригъæд дæр кæнæнт: уый йæ Бæстæ, йæ Райгуырæн зæхх хъахъæны! — æмæ къæмдзæстыг уæнт адæм дæ лæгдзинадæй! Фæлæ уый дæр нæ Адæмы хорз удыхъæдæн æвдисæн у, се стыр мидæфсармыл дзурæг у, уымæн æмæ Кæйдæр Хæдзары æгъдауæвæ- рæг, ноджы гæрзифтонгæй æгъдауæгæрæг никæддæр уыдысты æмæ уымæ бæлгæ дæр никуы кодтой, æмæ йæм никуы кæндзысты се ’фсармы æгасæй. Æмæ йæм цæфæй куыд æкæбон, куыд æнæджелбетт фæкаст йæ хъал цард? Рынчын, сæйгæ лæгмæ йæ уæлсынтæй куыд дард æмæ уæрæх, куыд бæстонг æмæ бæлвырдæй разыны йæ цардвæндаг, куыд æнæфæлывдæй, арвы цæс- тытæй йæм цыма кæсы, уыйау — афтæ йæм уый йæ дзæбæх-æнæнизæй ни- куы разымы, кæд ма иунæг Хуыцаумæ зыкы æппæт дæр... Уым, рынчындо- ны, æрхудт йæхиуыл, ныкъкъæмдзæстыг йе ’фсармы раз, басаст Гæрæмы ныхæсты растыл. Гогрæм... О, Гæрæм, Гæрæм... Фæлæ та йæ фыццагон æнæмæт тыхы куы бацæуы лæг, йæ уæлсынтæй куы рабады, уæд та дзы йæ рæсуг хорз зонд сабидуджы рог фынау айрох вæййы æмæ та цæттæ вæййы сойсæрст фæлывд ныхæсты сæрвæлтау тох йæхнцæн лæгдзмнадыл дзурæг фæткыл банымайынмæ, цæттæ та вæййыуы- донæй йæхицæн разæнгардгæнæг саусырх тырыса скæнынмæ — йæ цæр- гæсцæстытæ барвæндæй бакуырм кæны, Зæронд Бæхтæрæджы файтон гуыргъахъытæ фæндагыл хæрдмæ куыд хауы, цæлхытæ æнæдæндаг куыд кæнынц, хуылфыдзаумæттæ куыд халы, уыдæттæ та йæ нал фендавынц уæн- гæй æнæниз лæджы: цæстæй æмæ зæрдæйæ куырм æмæ къуырмайæн æдасдæр, хъармдæр, сатæгдæр у цæрын йæ цардæнгас царды... Гæрæм... Фæлæуу, нæма дыл хъуыды кæны... Тагъд нæ цыдысты сæ лисапедтыл. Сæ бон цас уыдаид, афтæ тагъд нæ цыдысты — Фыды цæф къах иуæй уыйбæрц арæхстджын нал уыд, иннæ- мæй та ма-иу тыххæстæй рисгæ дæр скодта. Бæхуæрдон над фæндаг хуым- гæрæтты æмхуызон ратас-батасгæнгæ уад, куы-иу Цæугæдонмæ баввахс, куы-иу æрхрæтты феддоздæр хуымтæй. Хурыскаст саэ хъæуы сæрмæ æрæййæфта. Фаллаг, бæрзонд былы фæс- рагъæй йæ цалх сырхзынгæй стылд, дунейыл ныссæххæтт кодта йæ рухс, йæ зынг бафтыдта митсæр хохцъуппытыл, рухсæндзаргæ рахызт дæлвæзтæм. Фæирддæр бæстæ, фæхъæлдзæгдæр зæрдæ. Райсомы сатæг цадæггай æх- сызгон хъæрмуст кодта. Фыды стыр тæхудиагæй фæндыд, цæмæй йын йæхи куыд æхсызгонг агайы, Г<æхм йып куыд цæстуарзонæй рæвдауынц ныр дунейы бакаст, æрдзь* алы лыстæг бæрджытæ — уартæ фæлурс цъæхфарс настæ, тарцъæх фæтæн- сыф кгртхор, рæхснæг тагза æмæ уæззау æфсирджын цъылннаг, таугæрдæг æмæ фэандаггæрæтты хæмпæл, над уæрдонвæндаг йæхæдæг æмæ йæ алы дзыхъ, йæ алы лæгъз бынат æмæ къуыбар дæр — афтæ цардамонды æвда- дзыхос фыртæн дæр куы уаиккой, уый. Фæлæ Фырт æндæр дуне у — уы- мæй, Фыдæй рантысгæ, фæлæ уæддæр æндæр фæткджын дуне у æмæ, æвæццæгæн, уыдæттыл нæма сагъæс кæны. Уымæн, гъе ныр цы ис, уый ми- дæг ис йæ цард — мæнæ лæгæн йæ хæдалыварс цы уæлдæф ис, æрмæст 69
уымæй куыд улæфа, цалдæр санчъехы дæрддзæфдæр уæлдæфæй йын йæ рæуджытæ дзагкæнæн куыд нæй, куыд нæ æнтысы, афтæ Фырт нырма—цы амондджын у! — иу боны цардæй цæры: йæ цард мысинæгтæй фæлыстджын нæма уг уыдонæй уæфт нæма сты йæ боктæ. Æмæ, о хуыцау, уыцы цард- ллæ — Фыды цзрдмæ, хиетæрты цардмæ бахиздзæн, фæлæ йыл хистæрты зсордз’аг е:/ыбд æрцæуæд æмæ йæ цард хызт уæд тугвæлыст мысиыæгтæч, мæнæ йæхи фыдь| мысикæгтæй — уæдæ-маг уæдæ-ма! — цы боны хуыздæ- рæн æмæ цы боны иыфсæй аразынц адæм сæ галуантæ, Терчы дур ма цæ- мæн ихсимьш кæнынц, цы ма сты уæд нæ зæрдæвæрæн дзæбæх кыхæстæ, цæй комыл фæкалдтам нæ туджы зæйтæ! Цæй! Цæй! Фегуыппæг дуне. Фыд хурмæ скаст. Бакаст Фыртмæ. Уыдта йæ развæч- даг езмæ цъус рæстæг, уысмæй цыбырдæр рæстæг ницæуыл узл хъуыды кодта — зонд улæфæн, зæрдæ улæфæн, удæдзоппайы рæстæг. Æмæ ууыл куы бадис кодта йæхимидæг, æрдæбон хъуыдытæй куыд афтид уыдтæн, зæгъгæ, уæд та ногæй сабухтой. Диссаг сæ схоиид йæ мысинæгты, Уымы Мысннæгты, адджымдæрæн, удлæууæкæн цы мысыд Уым, йæ цæсеыг-иу хъуырмæ кæмæй схæццæ, уы- цы мысинæгты схоыид диссаг, фæлæ ахæм дæр не сты, нæ: адæймаг йæхи хуыцауы сфæлдыст адæймагæй цы цыбыр дуг банкъары, адæмæн сæхи æр- хъуыдыгоид фæлгæттæй цы цыбыр дуг аирвæзы, уыцы дуджы зондззгастмæ гæсгæ не сты диссаг дæр æмæ фидиссаг дæр, æмæ ма суанг хæстон лæгæн дæр фидыдтсй, фæтчиаг ын уыдысты. ’ Æмæ-иу æцæг амондау мысыд мæнæ Цæугæдоны хæлхæладжы хылы- былы зард; цæстытыл ирдæй уад фаллаг, бæрзонд был — æмдзæхгæр карст къулты бур бзлыг, сæ хуртæппы/æ — къуырма зæрватыччыты зилдух сæ хуынчьытæ — ахстæтты ракомкоммæ, доны сæрмæ сын сæ цъæхснаг цины хъæгæбз хъуыста, уыдта сын хурдзæф бурæлыг къултыл сæ сау æмдымбыл уынгæг хуыкчъытæ — акстоибынæттæ (Фыртммæ сæ фæндаг уырдæм у ныр), мысыд-иу сæхи хæдзары фыдæлтыккон систæ — уыдта сын сæ дуртæ, гыц- цылæГл фаэстæмæ йæ уарзон дуртæ — дыууæ урс сигæц дуры, дыууæ стыр дзæ’юъа дурь: фæрсæй фæрстæм, æнкъврдта сын Уырдæм дæр, арæнты фа- лæмæ дæр сæ хъарл^: хурмæ-иу куы стæвд сты дуртæ, уæд изæрырдæм си- сæн йæ цурты фæцæуыс, зæгъгæ, уæд дыл дурты хъарм хус уддзæф æр- баулæфдзæн, æрбахъæбыс дæ кæндзæн æмæ дын æхсызгон уыдзæн, уар- зон къухты рæвдыдау æхсызгон, зæрдæйыл æмбæлдзæн; мысыд хъугдæй- тæкъахæн фаджыс æмæ налат пысыраты талынгæмбæхсæн пыхсытæ — Фыр- ты карæнæй дæр, стæй уымæй дæр ма кæстæр куы уыд (ныр Фыртыл æнæ- хъæн æртындæс азы цæуы), уæд дæр æмæ ноджы хъомылдæрæй дæр-иу сæрд-сæрды дæргъы цыд кæсагахсынмæ æмæ-иу уаллæттæ æмæ хъугдæйтæ уыцы фаджысы къахта; Уымы быгъдæг хус быдырты æмæ лæгуын хæхты-иу зæрдæадджынæн мысыд сæхи бæласджын сатæг хъæу, нæхи тар хъæдтæй æхгæд хæхтæ, сæхи цъайы хæрзад уазал дон, Цæугæдоны хъæрмуст хи- найæн малтæ — былгæроны цъæх нæуу, доныбыл зайæг тута бæлæстæ: фæс- над-иу куыд адджын, цы хæрзад уыдысты дзедыртæ (уый æрымыегæйæ-иу йæ комыдæттæ уадидæгæн æруадысты), æппæт уыдæттæ-иу мысыд, æмæ хъæрзыд йæ зæрдæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæхм фидиссаг цæмæн скæна, уый барæй куы нæ вæййы, æнæбары куы рауайы, фæлæ куыд нæ царды- сты йæ зæрдæйы мад — фыд, цот (лæппу æмæ чызг, йæ бинойнаг, хо æмæ 70
йæ дыууæ ’фсымæры), бирæ хионтæ, хæстæджытæ, æрдхæрдтæ, хæлæрттæ, зонгæтæ. Фæлæ,— чи йыл дис кæна, уый йыл йæхи худæгæй схæссæд,— фæ- лæ æикъарæнтæ мидутæхсæн зæрдæйы рысты бæрцæй куы барай, уæд, æргом басæтгæйæ, йæ зæрдæ тынгдæр йæ чызгыл рыст, уыимæ фылдæр дзырдта, йæ уд-иу йæ хъуырмæ ууыл хъуыдыкæнгæйæ ссис, æмæ-иу цæмæй уыцы рис æрмыкæгдæр уыдаид, уымæн йæ хос уыд уартæ Фыртыл хъуыды кæныи — ныфс дзы уагъта чызгæн æфсымæры номæй: ма йын тæрс дæ чызгæн — хистæр æфсымæр ын ис... Иннæ мысинæгты æхсæн иу мысинаг йæ уæздан сабыр рухсæй, йæ удæнцойдзинадæй хицæн кодта — йæ цард- фидауцæй (ныв йæхæдæг йæхи тыххæй дзурæд, хъæу йæ райгуырæн къона кæмæн уг уый æнцокагайæн зæрдæйæн: сыхы устытæ уынджы акъаци бæлæ- сты бш! аууоны бадынц фæлмæн сæрдыгои бон æмæ хъæДуртæ æхсæдынц*. алкæй дæлфæд дæр сæ æхсæст хъæдуры кæрддзæмтæ кæритæ-кæритæй, Кæрддзæмты мидæг ма ныхæстæй цы гьщцыл гагатæ аззайынц, уыдон дæр уыдта Уым. Кæрддзæмтæ мидæджырдыгæй хъæдурбадæи къусты куыд фæ- лурсбьш вæййынц, куыд лæгъз вæййыиц, уый дæр уыдта æмæ æнкъардта- Уым *гьшæ нæма у хъæдуртонын афон — куыд кæ бзфзрста йæ мады...) Икиæ цардрухсгæнæн ныз та — лæгæн, æвæццæгæн, мæлгæ-мæлын фæстаг хатт йæ царды быдыр куы ныррухс вæййы æмæ йын фæстаг зæрдæ- лæууæн цы фæвæййы, æцæг дунемæ ацы дунейæ адджындæр мысинагæн цы ахæссы, ома уæд сыгъдæгуд адæймаг уыдтæн æмæ мæнæ цы тæхудиаг у сыгъдæгуд уæвын, уьзй куы уыд ме гцæг зæххон, уæлæуон амонд, зæгъгæ, ахæм цардрухсгæиæн ныв ма Уæд йæ цæстытыл уад иннæ мысинæгты æх- сæн, Уым цæфæй куы хуыссыд, рынчындоны йæхицæй куы фефсæрмы æмæ йæм худннаг куы æркасг, кæйдæр бæстæмæ цæваг галæй кæй æрбацыд, фæлæ та-иу афтæ дæр куы авæрдта йæхицæн иыфсытæ, зæгъгæ, æкæрба- цæугæ дæр ын кæцæй уыд, йе ’фсармы хъыджы бацæуынæй тæрсгæйæ — ау, уый та куыд æмæ дын дæ Бæстæ бардзырд раттæд æмæ ды та, йæ Хъæбул уæвгæйæ, дæхи фæтылиф кæн, ма банымай дæхицæн цытджын æмæ бæрнон хæсыл дæ Фыды фæдзæхст (хъылма сойæ сæрст у фæдзæхст, уый та, æфсæддон лæг, дæ хъуыддаг нæу, ахæм хъуыды дæхицæй дарддæр ма рауадз, науæд бардзырдыл дызæрдыггæнæг лæг тохы лæг нæу); æмæ куы фæцæф, рьшчындоны куы æрчъицыдта, уæнджы домбай тых æм куы нал уыд, йæ уды хъару сæрибарæй куы стыхджын, бардзырдты фæлгæттæй куы фæуæгъдибар йæ уд, гъе уæд ма ахæм ныв дæр иннæ мысинæгты ра- ды адджындæр мысинагæн цалдæр хатты фæразæй: цыппæрдæс- фынддæс азы йыл куы цыд, уæд ахуырæй сæрды уæгъд рæстæджы уыд йæ мздыхо- тæм Хъсбакы æмæ иубои изæрырдæм цъæх фæз хъæдбыны дæрддзæфмгё суыдта йæхи ’мгар чызджы сырх къзбайы — бурдари изæр хъæдгæрон æр- дузы цъæх фæзыл рæхснæг чызг сырх нъабакы,— æмæ йæ зæрдæ уæд куыд, сонт фæрухс æмæ цæхгæр куыд срæхуыста, уый-иу Уым цæф рынчынæй æрхъуыды кодта æмæ-иу æй уырныдта, цард æнусон кæй у, æнусон рæ- сугъд, аг.ы фæлтæрæн дæр йæхи зæрдæрухс æмæ йæхи эæрдæрæяуыстытæ- хæссæг кæй у, уый-иу æй тынг бауырныдта, бауырныдта-иу æй æмæ-иу рæ- стæджы фæлмы сæрты федта, æппæт æндæр хабæрттæ адæмæн, рæстуд, æмæ са&ыр адæмæн æндæр хабæрттæ æцæг хæрам, æбуалгъ, æцæг æл- гъыст кæй сты, æфсармсудзæн худинаг кæй сты æцæгæй, уый-иу æй уæдæй тынгдæр гшкуы уырныдта. Рæхснæг чызг — рæвдаугæ мад, кыййарæг зæххЫ ад, дунейы хæлар ахаст. Цъæх фæз — æнусон царды нысан. 71
Лхæм хъуыдытæ йæм æвзæрд Уым йæ уæлсынты — уæнгæй æнæхъару- йæ, фæлæ уддзæбæхæй. Æвзæрд æм ахæм хъуыдытæ, уырныдтой йæ æмæ йæ фæндыд, знæт æмæ змæст цзрдæн дæр худæг куы нæ уанккой йæ рæ- сугъд хъуыдытæ, уый — цард дæр æмæ адæймаг дæр сæхи аккаг, хуыцау сæ цæмæи радта æмæ цы хуызæнæй сфæлдыста, ахæм нысамы аккаг куы уаик- конг уыг-Ф* æч тгынг бафæндыдг тынг, зæрдæуынгæггæнæг тынг. Фæлæ — бар сæхи адæмæн, уымæн æмæ йыл фæхудтаиккой, æргом сæ кскæмæн куы радзырдтзид йæ хъуыдытæ, уæд — еар мын сæ сæр кæны, ал- кæуыл дæр сæ уæд та иу хатт æртæфсдзæн йæ сыгъдæг уд, йæ адæймагон ном, æрмæст ныи байрæджы вæййы ныфсхаст сыгъдæг удæй цæрьшæн, æрæджиау нæ баййафы фæсмон. Æрмæст уæддæр хъуыдытæ сты, барæй кæ фæзьшынц, хæдæззæрдæй гуырынц, æмæ уæдæ йæ хъуыдыты тыххæй лæджы куыд ис æфхæрæн, тугмондаг ын ма уæнт, æндæр! Ныр, зæгьæм, мæнæ лисапеды къахæвæрæнтæ мауал здуха, æрлæууа, хъæрмуст хур- мæ,— æвæццæгæн, æнцад лæугæйæ йæм хур хъæрмустæй тæвддæр фæкæ- сид,— фæндагварс цъæх кæрдæгыл йæхи æруадза, йæ къухтыл йæхн фæ- стæрдæм ауадза, уартæ цъыфдзастыл бадæг хъулон-мулон æмæ урс гæлæ- бутæм кæса æмæ зеэгъа: цæй æмæ истæуылтыл хъуыдытæ кæнон! Цы у дæ цин, цы у дæ хъæрзт, цы у дæ мæр, цы у дæ алыварс царды фæтк,—уый у дæ хъуыдыйы гуырæн дæр, уый! Æмæ лæджы удаистаг кæн йæ хъуыды- тæй,.. Фыд стыхст: нæу йæ хъуыдыты дæр сæрибар, йе ’дзæлгъæд, æмтъеры хъуыдыты дæр нæу бынтон сæрибар, уымæн æмæ фæцалх фæлгæттыл, æф- сæддон кæй у, ууыл — чи йын цы зæгъдзæн йæ хъуыдыты тыххæй, чи йын цы зæгъдзæн йæ ныхæсты, йæ зонд, йæ хъуыддæгты тыххæй, уымæй иугæн- дзон йæхнмидæг кæй стъæлфыд, уыцы мндсагъæсæй йæхи сæрибарæй, æнæлхъывдæй, æнæдомдæй кæй никуы банкъардта, кæй никуы хатыдта, уыцы мхдузвæрыл сахуыр æмæ стыхст, ныр дæр афтæ кæй хъуыды кæны, уæдæ мын мæ хъуыдытæм æндæр исчи цы цæстæй ракæсид, зæгъгæ. Стыхст, фæлæ йæ зоны: нæй йын уыцы мидхъадамантæй, мидкъалатийæ фервæзæн, рухсау сæрибарæй дуиетыл хи байтауæн. Нæй йын. Афтæмæй та... Лæг у рухс. Уый чи æккъары! Чи æнкъары йæхи рухсы гуырæнæй, чи хоны æндæр лæджы дунеты рухс2 Чи!.. Ныууадысты иу лæнкауы, стæй хæрды рæвдздæр здухынц сæ къæхтæй, фæуæлбыл сты, айтынг сæ размæ æмвæз лæгъз фæндаг, цæлхыты сыф-сыф фæхъæлдзæг, дымгæ хъусты базарыд, Фыд фæндаг-фæндаг дардмæ акаст, фæлæ ницы федта: йæ зæрдæйы райдзаст арвыл ацзуындзæг хæдæвзæрд хъуыдыйы сау рæхыс, ацауындзæг, фæдыдæгътæ арвы рæхысау æмæ зæр- дæ æрцæлхъ ласта — абон цыдæр æрцæудзæн! Цыдæр сау бæллæх ныссау «æндзæн ацы хурбон! Циу! Кæцæй æрбавнæлдта зæрдæмæ йæ салд къух- тæй уыцы æнæмбæрст тас! Цæмæн фæхуыдуг сты улæфæнтæ, уадидæгæн цæмæн ауазал сты уæнгтæ, фыдæххуыз цæмæн равдыста дуке! Фыд æрлæууыд. Йæ иу къах (галиу, цæф) зæхмæ æруагъта, иннæ æр- къæдз лисапеды бадæн рагъы хæтæлыл. Фырт æнæрхъуыдыйæ размæ аивгъуыдта, стæй фæкаст фæстæмæ æмæ цæхгæр фæурæдта, тарстхуызæй фæрсæгау кæсы Фыдмæ. Йæ гыццыл уды цы тæригъæд сцæнд, Фыдæн тæ- ригъæд, уый æнхъæвзы йæ хъæрзаг цæстытæй. Бакаст æм Фыд дæр, æмæ зæрдæйы сау арвыл ноджы саудæр рæхыс зонды сау мæйдары аныгъуылд: |72
мацы ’рцæуæд, мацы йын æрцæуæд ауыл, о хуыцау, ма йын бавзарын кæн хъæбулы зын — нæй йæм, нæй йæм уый бафæразыны, уыцы дур бауромы- ны хъару, фæптау... Йæхæдæг... Йæхæдæг фæлтау... Хур сонт сырх-сырхид нал у, цæстытæн æнæбафиппайгæйæ уæлдæр стылд æмæ йæ хуыз фæцыллæнгæс, фæсызгъæриндонытылд, фæмынæг йæ цин — æмтыстджыкæй дунетыл кæй фæлгæсы ногæй, уыцы уæлахизы æгæ- рон ции фæмыкæг, æруæндыд ыл йæхицæн, басаст ыл æмæ æруæздан, æр- бынатон, фæуæнгрог. Базмæлыд хъазуат цзрдмæ сæрдыгон зæхх: æнæцæ- стуынгæ сысы æртæх, мæргъты зард фæдисон нал у, елы хилджытæ сæ ахс^ джиаг хъуыддæгтæм дысвæлдæхтæй бавкæлдтой, алы зайæгой хал кæрæ~ фæй хуры рухс ахсы — мæнæ ма иуцасдæр, стæй ампылдтæ кæндзысты сæ пакагонд сыфтæ, хуры арт гуыпп-артæй судзын куы райдайа, уæд. Зондджын сты зайæгойтæ, зондджын! Стæй уыдон куы ницæмæй стъæлфынц, уæд зæр- дæйы райдзаст зрвыл уыцы сау мигъ кæцæй æрбагуылф кодта! Æрдзы æн- гас афтæ куы дзуры: ницы ’рцæудзæн, цы ’рцæуинаг у! Ницы. Æмæ фæса- быр йæ зæрдæ дæр æмæ æрдæбокы хъуыдыйæ бабуц: зайæгойтæй зонд-- джын, зæгъгæ, загъта! Уæртæ-ма... Æнæстыфæй лæууæг бæлæсты уынд сайгæ кæны цæст, сайгæ, уыдон цæстæн æнæуд бæлæстæй дарддæр ницы сты, афтæмæй та зæххы сой сæ дадзинты куыд æхсызгонæй æрвитынц алы тихалæг къалиумæ! Хъазуатæй* фæллой кæнынц, æппындæр æнцад нæ лæууынц, иу уысм дæр сæ уымæ не ’вдæлы, науæд æвæллойæ сæрды тæккæ ’мбисыл бахуыскъ уыдзысты. Уæдæ сæ цъæх удтæ дæр æгомыг, æнæмбаргæ не сты, нæ, кæд æмæ иугæр цар- дыхос хуры уындæй фæллойгæнджытау райынц, уæд. Уый стырзæрдæ æмæ хъал адæймаг цæуы зайæгойты зæрдæхудты, уымæн æмæ æххæст нæу зæр- дæйЫ зонд æмæ цæстытæй, нæу æмæ цæуы сæ хъыджы, сæ тæригъæды, фæстаг бон уый цы расайдзæн, ууыл сагъæсæй йæ цыбыр зонды фæрцы йæ- хи ссæрибаргæнгæйæ... — Баба, дæ къах срыст! Ныр дæ дæ хохаг лæджы æфсарм ма уадзæд! Ма бацу Фыртмæ, ма йæм бацу мæнæ ныр, дзуапп дæттыны бæсты йæм æнæдзургæйæ ма бацу æмæ йын йæ хæмпæлдзыкку сæр дæ дæллагхъуыр ма ’рбакæн, ма йын сыс- муд йæ буары — дæхи, иууылдæр дæхи! — тæфмæ, дæхи тугмæ, дæхи да- дзкнтæм, дæхи фыртмæ. Фырт! Фырт... Йæ сæрмæ худинаг куы никуы æрхæссид, тæппуд куы никуы разынид, фндиссаг тæппуд, бафхæрæн кæй нæй сойсæрст ныхæстæй, æрмæст йе ’ддаг бакастæй дæр ахæм сæрæн, ахæм сахъгуырд куы рантысид — цæхæрцæст, уæкгджын, гъа, уæнгæй хъаруджын, уæнгдых уыйбæрц кицы у,— кыфсæй æнæмонд, ныфсæй æнæбасæттон лæг уæнджы хъаруйæ тыхджынтæн дæр зæрдæдарæн æмæ удлæууæн у. Æппæтæй тынгдæр та... Иæхх... æппæтæй тынгдæр та... Ау, уый та куыд, æмæ тæппуд, йе ’мбæлттæн фидиссаг тæппуд уыдзæн, æлгъ ыл кæндзысты, сæ зæрдиагдæр ныхæстæ-иу йæ цуры фæуадздзысты (уымæй зындондæр ницы ис лæппуйæн — æмгæртты æфхæрд, æмгæртты бьшысчъил æмæ йын уымæй тæрсы, æндæр ын бындур нæй ахæм хъуыдытæн). Ау, уый та куыд, æмæ кæд æмæ фыдæлты туг хæссы, уæд уый та куыд æмæ... æмæ... Нæ! Æмгарджын у ныридæгæн дæрг йæ дзырд цæуы ныридæгæн дæр се ’хсæн — дысонизæр ыл сыхы лæппутæ ам- бырд сты æмæ йæм куыд цымыдисæй хъуыстой, уымæй бæрæг уыд, кад ын кæй ис, уый. Стæй цæрдæг лæппу у, цæрдæг æмæ йæ кары фаг тых- 73
джын — цал хатты сивазы бæласы цонгыл йæхи! Нудæс хатты. Рогæн. Ты- хивæзтæй ма-иу фондз хатты сæххæссид йæ роцъойæ бæласы цонгмæ, фæ- лæ йæ йæхæдæг нæ буадзы. Æмæ куыд цырд згъоры, уый та! Нæ, æххæст у йæ кары лæппуйы алы миниуæгæй дæр, суинаг гуырды æууæлтæ ис йæ алы фезмæлд — февнæлды дæр. Зондæй дæр уæдæ... Цæй, хорз ахуыр сæ диссæгтæй нæу, зондæй искæцырдыгæй æфхæрд ма уæд, æндæр — æмæ нæу. Уæвгæ, ахуыр дæр^ йæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, цауд ахуыр нæ кæны. О, цырд лæппу у, фæлæ... Бæргæ, уыдæттыл ма хъуыды кæн, ма йьзн тæрс, цард ма ахæм мастæмхиц у, фыдбылызбадæн пыхсбын у, зæгъгæ, уæд... Уæд... Фæлæ йæ сахуыр хъæудзæн, цæмæй цæстыфæныкъуылдмæ цæттæ уа шыхкъуырд раттынмæ, хи амбæхсынмæ, зондæй архайын — хинæй рацæуын- мæ,— ома æууæнкæй искæуыл нæ, уæдæмæ æргом знагыл, йæхиуыл дæр ын хинæй рацæуынмæ.чи тырны, ууыл, æрмæст ууыл. Æвæццæгæн, æппæт фыдæлт^æ дæр мæнау тæрсынц сæ фырттæн, сæ хорз фидæнæн сын сæхи- мидæг кувынц æмæ сæ чи куыд арæхсы, афтæ йæ цоты цæттæ кæны знæт адæмы ’хсæн цæрынмæ. Æппæты фыццаг лæгæй цæрынмæ! Зын у уый, фæ- лæ ’рмæстдæр уый у æвæсмон цард... — Нæг нæ риссы мæ къах. Фæлæ... — Фыд йæ алыварс акаст: пыхсытæ тæккæ фæндагбыл, иннæрдыгæй къардиугонд, фалдæр æмдзæхгæр былгæ- рон, мæнæ сæ размæ хæмпæлджын дзыхъ.— Мæ къах нæ риссы, ма мæм кæс афтæ тæригьæддаг цæстытæй, фæлæ дын дæхимæ, зæгъæм, исчи æнæн- хъæлæджы топп фæдардта, уæд.,..—Фыд лисапед зæххыл æрхуыссын кодта.— Зæгъæм, æвиппайды ауыдтай, чидæр дæм кæй хъавы, уый. Уæд аф- тæ. цырд асхъиуис зæхмæ дæ лисапедæй, æмæ дæхи дæр тынг куыд нæ ныццæвай, чи дæ æхсы, уый дæр куыд нæ фæгуырысхо уа, æхстæй æгæр раздæр ахаудтай, зæгъгæ! Уый, мард æфсон куы кæнай дæхи æмæ дæ чи ’рбахста, уый йе ’мбæхсæнæй æрголл ранмæ куы сайай, уæд. Базонис, сарæх- сис афтæ æрхауын! Цырд лæппу куы дæ... — Йæд... Каскадерау! — О, каскадерау дæр фæуæд. Цъæррæмыхст нымады нæу, æцæг дæхи, хæцынхъом æмæ, æппынфæстаг, лидзынхъом куыд нал уай, афтæ ма ныц- цæв. Цæй, æз мæ къухтæй фæгæрах кæндзынæн, æмæ... Фырт куыд фæцæйбадт йæ лисапедыл, афтæ Фыд тæй фæдæнг ласта. Фырт йæхи уыциу æхст фæкодта æмæ йæ гуыбыныл æрхауд, тъæпæн ахуыссыд æмæ гæк! мидбылты дæр-ма бахудт, афтæ тынг æнгæсæн уыд Фырты архайд лидзæг тæккуырийы змæлдимæ,— уыцы цырдæй хæмпæлгæрдæджы къутæрты фæс- тæмæ абырыд7 уырдыгæй алырдæм хъазгæ акаст, уæдæ гæрах кæцæй фæ- цыд, зæгъгæ. Æмæ, йæ ронбастæй цыма дамбаца фæцъортт ласта, уыйау фæхъавыд, гæрах кæцæй фæцыдаид, уырдæм. Фыд фыртмæ кæсы æмæуы- ны: йæхæдæг йе ’фсæддонтимæ дыууадæсæй — æхсæзæй фæндаджы дæлæ- ты, æхсæзæй йæ уæлæты — фæцæуынц. Æрталынггомау. Иу ран фæндаг фæсаджил, сæ дыууæты æхсæн «хæйрæджытæ» фегуырдысты, хотыхты къæр-къæр ссыд, стæй «хæйрæджытæ» цыма зæххы скъуыды ныххауд- той, уыйау æвиппайды фæтары сты. Бамбæрста сын сæ зæронд хин: махон- ты æхсæн фегуырынц, æхсын райдайынц æмæ æрбайсæфынц — сæ хин сын ^и кæ бамбары нæхионтæй, уыдон кæрæдзиуыл ралæууынц. Фæлæ иу хатт цæхиуыл дæр сæ сайд æрцыд, æрмæст хорз, æмæ йæ афойнадыл фембæр- стой, æндæр ныссæрфтаиккой кæрæдзийы. Дзырдтой, куыд нæ дзырдтой йæ армы тъæпæн- саргьæй/ йæ къухтæ <уырийау, — Фыд йæ 74
Уырдæм ногæрбацæуджытæй алкæмæн дæр уыцы хинцыды тыххæй, фæлæ хæсты бацæугæйæ лæг афтæ стæвд вæййы, æмæ дзы искæй фæлтæрддзи- над рохуаты зззайы: искæй зонд уыйас пайда нæу, цалынмæ лæг йæхæдæг сфæлтæра, цалынмæ адæймаг йæхи тæппуддзикад уысммæ æрбацыбыртæ кæнык нæ бззона, уæдмæ кæйдæр хорз зондæй гъæйтт-мардзæ хæстон лæг не суыдзæн. Æмæ ууыл дæр хикæй рацыдысты. Æкдæр хуызы. Бардзырдмæ гæсгæ кæдæм бацыдаиккой, уырдæм уыд цыппзр фæндаджы: комкоммæ, фæстæты, рзхизырдыгæй — æмдзæхгæр хæрдмæ фæцыд къæдзæх хох, га- пиуырдыгæй — былæйхауæн. Комкоммæ, дам, цом, зæгъгæ, загъта Гæрæм (кæд æй фæрсæг иæ уыд, уæддæр йæ ныфс уынаффæмæ бахаста — æмзæх» хоны, ироны бартæй), уымæн æмæ, дам, нæм разæй не ’нхъæлмæ кæсынц,, уый I махæн æнæзонд ми кæй у, уымæ гæсгæ сæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыдзæн уым минæтæ сæвæрын, нæ размæ бабадыи. Кæд уый нæ, уæд тз фæстæты цом, уымæн æмæ ууылты кæй нæ ацæудзыстæм, уый дæр сын ны- мады у—æгæр æргом æдылы уаиккам уæд. Рахнзырдьп-æй дæр æмæ нæм галиуырдыгæн дæр æнхъæлмæ кæсынц, уымæн æмæ мах афтæ æнхъæлæм уыдоны зондæй, æмæ ууылты цæуæн нæй, æмæ мах та цæуæм — æмбарыщ æй, нæ хъуыды куыд здæхы; уый æмæ нæм уым æнхъæлмæ кæсынц. Цæ- уæм размæ, иауæд фæстæмæ — тæккæ «æдылыдæр» фæндагыл. Не сразы йемæ, не сразы æмæ... Ныр ма цы2 Тæрхæттæ ма кæн фæстаг зондæй. Сæхи бæндæнтыл æруагътой бынмæ, иучысыл ауадысты, афтæ сыл ныккалдтой. Дыууæйæ фæмард сты, Гæрæмы къæхтæ та... Кæд æм уый æргомæй азым нæ хаста (бабæрæг æй хъæудзæн, далæ сæ сыхаг хъæуккаг куы у, цымæ цы бацис афонмæ?), дæу аххос угды нæ ахуыдтай уыцы рындзыл, зæгъгæ, уæд- дæр йæхæдæг йæхимæ зылынджын каст, тæригъæдджын каст йæхимæ, хæ- сты æгъатыр фæткы номæй дæр йæхи рæстытæ кæныныл никуы схæцыд; Гæрæм та-иу куы нылгъыста, Ардæм сæ чи ’рбарвыста, уыцы уæгъдæфсæр маршæлы, алы бæстæтыл зилынæй, дам, цыппар хатты хъæбатыры, йæ уазæ- джы, дам, дуары мидæгæй æнæ гæххæттæй «Чи дæ! Кæцы дæ!», зæгъгæ, бафæрсын чи нæ зоны, уымæн-иу йæ дуæрттæ куы ныххоста ирон дывæл- дах æлгъыстытæй! Куы йæ ластой хæдтæхæгæй Уырдыгæй, уæд ма йын аф- тæ дæр загъта ныфсæвæрæгау, дæ зæрдæмæ мацы хæсс, хæсты мæлæтæй æмæ бæллæхæй хи бафæдзæхсæн нæй, зæгъгæ. Фæлæ уæддæр куыд нæ уыд уымæм, сæ къамандирæм аразгæ, куыд нæ — æмæ нæ хатыр кодта, нæ хатыр кæны ныр дæр йæхнцæн дыууæ æфсæддоны мæлæт, Гæрæм йæ тæк- кæ лæппуйæ æнæ къахæй кæй баззад, уый дæр, уый дæр хæссы йæ зæрдæ- мæ тæригъгэдæн, кæд ын хуыцауы æмæ адæмы раз фидинаг тæригъæд схо- кæн кæй, уæддæр — хуыцауы азар æмæ рыст адæмы æлгъыстытæ дæр цъуппыл бадæджы сæрæн æййафинаг сты, кæд сæ æцæг сойсæрст гæды кыхæсты ардыдæй арвыста, уæд. /Емæ афтæ уыдзæн, иугæр йæ рæстдзи- над дызæрдыггаг ссис, сæ тугкалды нысан циу, уый дзырддаг ссис, уæд. — Баба, сыстон зæххæй! Мæлдзыджытæ мæ æлхысчъытæй амардтой. — Фест, фест! Цом. Хорз асхъиудтай, хорз архайдтай. Фæлæ цæттæ у.„ — Ногæй ма мæ фæлвардзынæ? — Мæгъа... Чи зоны... Фæкдагæй иу къабаз — кæрдæгджын, цæлхытæй къаддæр над, æвæд- дæр — Цæугæдонырдæм уырдыджы фæзылд. Ныууадысты йыл. Æмæ пыхс, цъæх аууæттæй бæзджын пыхс: пысыратæ, хъæндæлы хуызæн зайæгойтæ, фæлæ хъæндæлы нæу, æнгæсæн та* тынг у — стыр, бæрзонд, егъау, тынг 7*
егьау! Йæ дидинæг-зонтыччытæ дæр егъау, йæ нывæфтыд къахыр сыфтæ дæр — егъау, йæ зæнг — ставд æмæ домбай. Кæрдæг-зайæгойты æхсæн ай сæ гуыппырсартыл нымад уыдзæн æнæмæнгæй. Уымæ кæсгæйæ-мз, æрдз куыд диссаг уг ууыл ноджыдæр иу хатт бадис кæндзынæ, бадис кæндзынæ эемæ дæ зæрдæмæ цин бацæудзæн, æхсызгон дын уыдзæн, мæнæ дæхи æрдз, дæ тугхæстæг æрдзмæ цы лæгдзинадтæ ис, цы авналæнты хицау у, зæгъгæ; былгæронмæ хæстæг та уыцы даргьхау æмæ фæтæнсыф кæрдæг, *стæй тæккæ былгæрон фæлмæн лыстæгхал нæугæрдæг, ахæм фæлмæн хьæ- дабæ æнгæс дæтты, æмæ йæ раст æууил,— уыцы кæрдæгыл-иу гыццылæй бæгъæввадæй цæуын куыд уарзта, куыд æхсызгон-иу уыд зæрдæйæн йæ андзæвд, уый æрымысыд, æрымысыд уый æмæ йæм бахудт, кæрдæгмæ ба- худт æмæ йæм уый дæр цыма цьæх-цъæхид бахудт, афтæ йæм фæкаст — æмæ йæм йæ зæрдæ сдзырдта: уанцон нæу, уый та ма дзы кæцырдыгон цъæх-цъæхид худт у* Фæлæ уæддæр уыцы хъуыдыйы ахаст нæ аивта: кæр- 4дæг цыма æцæгдæр афтæ худт, уæддæр йе ’хсызгон уынд зæрдæйыл ахæм луызы æмбæлд æмæ йын цы дæ бон у, уадз æй, уадз æй йæхи бар зæр- дæйы æмæ йæм кæрдæджы райдзаст уынд цъæх-цъæхид худт кæса. Уыцы уысм æм йе ’нахуыр ^ъуыдытæ хорз фæкастысты, фæзæрдæрог уыцы уысм, арфæйаг ын фæцис—æхсызгон та куыд нæу æрдзон адæйма- гæй хи банкъарын, стырдæр лæвар нын куы ницы ис цæргæ удæй, уæд: ба- иу у æрдзимæ æмæ ферох кæн дæхи, ферох кæн дæ хъадамантæ, дæ фæл- гæттæ... Хъæдабæ кæрдæг уадздзагæй ахаста былгæрæттæ-былгæрæтты. Нæ йып æрлæууыд æд дзабыр: йæ сæрты басанчъех кодта дондзæстытæ лыстæг хуырмæ. Уæртæ фаллаг цæхгæркарст бæрзонд æлыгджын был; Дон кæддæ- рау, æдзух куыд уыд уый саби дуджы, афтæ дыууæ былгæроны æхсæн æн- гом æлхъьшд, цъист кæнын куы комид дон, уæд дзы цъист у, зæгъгæ, дæр зæгъ, фæлæ æлвæст у, банарæг. Йæ хæл-хæл дæр ныронгау æхсызгон фы- дуаг хъæр кæкы — Цæугæдонæн йæ царды нывкарст тынг цæуы йæхи зæр- дæмей, арзы бын хъæстаг ницæмæй у, йæ мидхъæрзт та йын иуварсæй кæс- джытæй чи хаты... Дæлдæр, хæрз чысыл дæлдæр дондзæуæн фæуæрæх, æмæ дон дæр фæсабыр, фæлæгъзбуар, æрмахуыр фæсабыр — нал худы кæл-кæлæй, æруæзбьш, фæхъуыдыдзаст. Иæ сабыр бакастæй зæрдæ йæхи- мæ æхсаинаг кæны: ам ис, ам йæ тæккæ мал! Афтæмæй та уым тæнæг у, йæ æрфытæ мæкæ уынгæджы, нарæджы, тæккæ хæл-хæладжы сты — афтæ мадзура лæг дæр зондджын æнгас сайдæй вæййы, фæлæ — о, цæй, уый дзырдкъахыны аккаг хъуыды нæу. Хæрис бæлæстæ, æхсæрæнгæс бæлæстæ, бæрæзетæ, акьацитæ, тутатæ, хъæддаг фæткъуытæ — кæддэер дзы цы къох уыд, уый ныр фæпыхсдæр, æндæр дзы ницы аивта, ниц^1 дзы фæхъуыд. Æрмæст фаллаг фарс нæдæр ахстæттæ-хуынчъытæ нал ис, наэдаэр къуырма зæрватыччытæ сæхæдæг: цы базонинаг у—хъацæнтæй мард бындзыты сæ лæппынтæн холыйæн хастой æмæ бурхъуымыздзых лæппынтæ... Нæ, кæддæрау нал у ам дæр. Нал у. Йæхæдæг дæр кæй аивта, æрмæст уый тыххæй нæ. Фæлæ та ууыл дæр бæстон хъуыдыты нæ ацыд, хъуыдытæн цы бардуаг ис сæры, уый сын рад нæ радта, æндæрырдæм сæ сарæзта, рагæй дæр зæрдæйы арф ныхстæй цæрæг сагъæсмæ: цас зайæгойтæ ис ирон уымазл сойджын зæххыл, афтæмæй цы сты, цытæ хуыйнынц, цы пайда хæссынц, цы рын, цы хос сты, уый ма зон, уый! Цыма дын æндæр æрвон æцæгæлон ду- 7в-
«е у, уыйау дæ алыварс цы æрдз цæры, уый дын сусæг уæд æмæ дыл бар- æнæбары тас æфтауæд — бæлвырд бæрæг нæу уыцы тас, стæй йæ комком- мæ тæппуды тас дæр не схондзынæ, фæлæ æнæзонгæ зайæгойты мидбæ- стæйы, се ’хсæн лæг йæхи сæрибарæй не ’нкъары, батыхсы йæхимидæг, стыхсы йæ мидзæрдæйы, мæнæ, цы адæмы æвзаг нæ зоныс, уыдон дæ цу- ры хъæлдзæг ныхас куы кæной, хъæлдзæгæй куы худой æмæ бар-æнæбары куы тыхсай, мидкатайы куы бацæуай, кæд мæныл худынц, зæгъгæ, уыцы æнкъарæкм хуызæн у зæрдæйы уавæр цардхуыз æнæзонгæ зайæгойты цур дæр — сæ уынд цæсты рухс, фæлæ дæм дæ мидзонд сдзуры: æппæт дæр зæрдæйæ иттæг хорз æнкъарæг фыдæлтæ фыдбылызæй хъуынджын уæрцц дзæгъæлы нæ загътой — цы нæ зоныс зонды зæрдæйæ, уый дын тæссаг у, уый тасæфтауæг хъуынджын цыдæр у, кæд дæм мидбылты худы, уæддæр. Ахæм, ахæм æнкъарæнтæ йæм уыд, Уымы адæмы худгæ цæсгæмттæм кæс- гæйæ дæр, уымæн æмæ йæ нæ уырныдта, зæрдæйæ кæй худынц, æцæг æх- сызгон сын кæй у цæгатаг сыхæгты ’рбацыд (се ’рбалæбурд — уыдонмæ гæс- гæ?), уый: ды уыдонæн дæ æнæзонгæ зайæгойау, уыдон дæуæн, стæй, уæв- гæ дæр, куыд нæ стъæпфай дæ мидзæрдæйы, кæд æмæ дæ ахуыр кодтой, ч<æд æмæ дын амыдтой, революци цирхъытыл нæ хæссынц искæмæн, зæгъ- гæ, фæлæ иугæр Дæ Бæстæ рæдийы, уæд ды, йе ’фсæддон, кæцырдæм æх- сай, уый дын цы нысан амоны, уымæн дарддæр? Дæ бæстæйы рæдыд — дæ рæдыд, йæ кад — дæ кад, иннæ тæрхæттæ дæ хъуыддаг не сты, гуызаввæ- гæнæг æфсæддон æфсæддон нæу, хæстон лæг нæу, кæд кæйдæр тæригъæд- тæ йæхи сæр æмæ йæхи тугæй фиды, уæддæр — дæуæн де ’нæбар уавæрæй чи пайда кæны, йæхицæн дзы кад æмæ намыс, паддзахы ном чи кæны, уы- мæн та хуыцауы бон йеддæмæ коммæгæс адæмы бон дæр ницы у, уымæн æмæ ницы ком дарынц æфсæддон хъуыддæгтæм. О, фæлæ дын дæ фырты нуы саиккой сойсæрст гæды ныхæстæй, уæд та!.. Нæ! Уый тынг риссы! Йæхи риссæй тынгдæр дуды уый! Йæ фырт — æмæ сойсæрст ныхæсты сайд! Уæд... Уæд уый та куыд, æмæ ныййарæджы иицы ком дарыны бар ис æфсæддон хъуыддæгтæм, куыд уый та, куыд! Афтæ! Æмæ — фæцис! Райгуырд — йæ фæлгæттæ цæттæ! Зын уромæн у! У. Æмæ йæ — уром! Æххуысæнхъæл сæм цыма каст, уыйау та йæ цæст хъæндæлæнгæс зэйæ- «■ойтыл æрхаста — райынц, сæхицæн райыкц, сæ бæллиццаг æмæ тæхудиаг сæрд у, хæларзæрдæ парахат рухс хурбон у æмæ цæуыннæ райой — ды уы- доны хъыг куы не ’мбарыс, уæд дын æй уыдон цæмæн исой сæ зæрдæмæ! Адæмæй сæхицæн сусæг цардæй, стыр сусæг цардæй цæрынц æмæ лæгæн йæ мидугшæрмæ дæр уымæн иыхилынц — кæд ма тезгъойы охыл æрбацæуы æрдзмæ, æндæр уый æрвылбоны цардæй адæймаг йæ цард сæвдæлон код- та, феддæсонд дзы ис æмæ ныр хæцæд — дзæбæх ыл куы ’фтауы æрдз æбæрæг тас: нæ йæ зоныс, нæ йæ ’мбарыс, адæймаг, æмæ... Сæрд. Хур. Дæ алыварс райдзаст дуне. Уæд цæмæй фесхъиуы зæрдæ, цы йæ фæрæхойы! Тас развæлгъау, рагагъоммæ цы ’нкъарæн æнкъары, уый цæмæн тар кæны зæрдæйы арв, цæмæн дзы æрхауд ныр дæр та æрдæбо- ны сау рæхыс! Пъæззыйау æй куыд удхарæй марынц йе ’нæсæрбос хъуыды- тæ, сæ цоппайæ куыд не ’нцайынц... Сæрд — кувинаг. Хур — бæстæ дзы рæдауæй рухс, рæвдыд. Зæрдæ — уыцы рæвдыдæй хъулонхайджын. Иуцасдæр рох, зыбыты рох ивгъуыд бон- тæ, ивгъуыд цард, ноггуырдау сдæ. Цы ма дæ хъæуы! Ды — æмæ дæ. Дæ 77
фырт, дæ кыфс, дæ зæрдæнцой — æмæ уартæ, уартæ хъугдæй æкгуыры къæпсырыл арæхстгай садзыг арæхстгай — къæпсыры ныхсаг бырыккъ, йæ сиуджын фымдз ьт хъугдæйы буары мидæг æмбæхсы, цæмæй дзы кæсаг развæлгъау куыд кæ фæтæрез, тас ць^æмбудæктæй æккъары, уыдон къуыр- ма æмæ къуыттыйæ куыд баззайой—хилтæ йын кæны, хинтæ! Кæсаг—до- кы, йæхи доны7 æппæт дæр ыи зонгæ кæм у, уыцы райгуырæн доны, йе сфæлдиеыкæй фæстæмæ ахуыр дунэйы. Цæуы йæм хæрыи-цæрын! Цæуы, уæдæ ма уд цæмæя у. Хъæуы йæ цъынæр урсгуыбын хъугдайЗ Æкæзонд у, цæуыккæ йæ хъæуы! Фæлæ дзы цымæ нæ фæтæрсы, неш фыдбылыз æм дзы куы кæса, уымæй, цьшæ æдас вæййы, æдае! Циу! Цы та у! Уалæ хур зынгæ фæуæлдæр, бон зынгæ фæирддæр, зæрдæнцойдзинад æрвгæрокæй æрвгæронмæ уæзбьшæй æнхъæвзы, бæласæй, зайæгой ха- лæй — иууылдæр æнæцоппай сты, райынц сæ радырцыд дугæй, сæ сæрд у ай, æндæр сæм нæ хауы, æндæр сæрд сыл нал скæндзæн æмæ дзы æфса- дынц сæхи; уæдæ зæрдæ дæр удвидар куы у, уæд циу, циу та — уыцы æнæхайыры сау рæхыс та зæрдæйы сыгъдæг арвы, зонды райдзаст быдыры цæмæн атахт %къæдз-мæдз сæстытæй, цæмæн фæтар, цæмæн фестъæлфыды- сты, тас дардмæ, рагацау базоныны хæс кæуыл ис, адæймаджы уды арф æм- бæхст чи у, уыцы цырддзаст æмæ къæрцхъус æнкъарæнтæ! Циу! Ау, хæсш фæстиуджытæ йын уой! Æви йын рагæрдзон миниуæг у! Дæуæн дæр æмæ доны кæсагæн дæр хуыцауысконд æмхуызон царды æууæлтæ ис! Æви фæс- тинонæй ахæм дæ! Стæ-ма, фыртмæ дæр цымæ исты ахæм мидкатай ны- хилы... — Баба, раздæр куы схæццæ уыдаиккам, уæд... Тæккæ хурыскастыл хорз фæхæры... — Кæд дзы кæсаг ис, уæд ныр дæр дарынæн æрæджы нæма у,— нæ кæсы Фыртмæ, йæхæдæг дæр хъугдæй арæхстгай бакодта къæпсырыл.— Йæд... Ницæмæй тæрсыс? Пыхсытæ... Æдзæрæг ран... Æдзынæг æм æрбакаст. Йæ хъуыдытæ куыд хъуырдухæн кæнынц, уый йæ цæсгомы хуызыл бæрæг дары. Ма асайæд, ма равдисæд йæхи хъæбæр- дзыхæй—уæд æнусты ссæст уый мидæг дæр, уый удмæ дæр йæ тугимæ ба- цыд æмæ уым цæры, хизы йæ Фыды раз дæр æргомзæрдæ уæвынæй. — Йæд... Иунæгæй — о, тæрсин. Тæрсин, фæлæ уæддæр æрбауæнды. даин ардæм. Гæрсин цæмæйдæр, фæлæ уæддæр дарин æнгуырæй. Хæфс донмæ куы кыггæпп кæна, уæд-иу фестъæлфин, фæлæ уæддæр... Тарстæн- иу æмæ-иу уæддæр дардтон. — Бирæ кæй дзурыс, уый тыххæй мæ уырны, æцæгтæ кæй загътай, уый. Ма стъæлф, тæрсын худинаг нæу, лæппутæ куыд фæфидис кæныкц, афтæ худинаг нæу: тæрс, фæлæ уæддæр ма тæрс — хорз загътай дæхæдæг. Æмæ ныр та! — Демæ! Ныр! — Æдзынæг та йæм кæсы. Йæхх, ногæй та Фыды зæр- дæмæ чи фæцæуа, ахæм дзуапп раттынмæ куы сарæхсиД, кæд æрдæбон уымæ барæй нæ тырныдта, уæддæр. Йæ цæстытæ æхсызгонæй ферттывтой.— А! Ныр исчи фæстæрдыгæй æрбахъуызыд, зæгъгæ, уæд донмæ сæрбынмæ ныггæпп кæн, доны бынты абыр æмæ дæле къудзиты фæстæ скæс æмæ... О, уайдзæф! Уыцы дзырд ын нæ фаг кодта абонсарæй йе ’нкъарæн кæронмæ бамба- рынæн! Уайдзæф æм хæссы æрдз, уайдзæф — адæмы цагътай, къамандир, 78
адæмы дæ фæдыл мæлæтмæ хуыдтай, дæхæдæг дæр æцæг рæстдзинадæн æцæгæлон рæстдзинадæй сайд æмæ уыдон дæр дæхи сайд зондыл ардаугæ- йæ, æмæ дын мæнырдыгæй, æрдзырдыгæй хатыр нæй, арвæн дæр æмæ ху- рæн дæр, зæххæн æмæ донæн дæр фыдæх хъуыддаджы бацыдтæ, кæй ар- дыд æмæ хъомысæй, кæй галиу æхсарæй, уый дæр йæ тæригъæды кæрдих фиддзæн, æрмæст ды дæр дæхи зындоны хъизæмарæй нæ фæивгъуыйдзы- нæ — Аминон йæ куыст зоны, Барастыр йæ хæстыл æнувыд у... Зæрдæ афтæ айдзаг сонт рыстæй, æмæ цæстытæ ницуал уыдтой. Адæ- мы раз лæгæн йæхи срастгæнæн æдзухдæр ис — уыдонæй алчидæр йæхимæ исты тæригъæд зоны, уыдоны æхсæн æнæтæригъæдджын ссарæн нæй, æрдз та хæдварн у æмæ йæм тæригъæдджыны азым нæй. Фыд йæ къахыдарæс раласта, тъæпæн хъæрмуст дурыл слæууыд (дуры хъæрмуст æхсызгонæй зæрдæйыл сæмбæлд) йæ фадгуытæ уæрджыты фæта- сæнты онг стылдта æмæ хъæдабæ кæрдæгмæ схызт. Зæрдæйы хорз сахат, уды дзæбæх равг — уыцы уысм æмæ дард бонты æхцон мысинæгтæй араз- гæ фæцис. Уазал змисыл тæккæ былгæрон ламимæ бацыд æмæ дзы йæ фгд- хъултæм аныгъуылд, æрту кодта хъугдæйыл æмæ æнгуыр хæлхæлæджы фа- ле къуымрæбын æнцаддон зиллакмæ баппæрста. Нымдзаст хъазы сисмæ— æмæ фæцыдæр зæрдæйы фæдисон ахаст. Цæугæдон. Хур бон. Дыууæ кæсагахсæджы—фыд æмæ фырт. Сæ бо- нæй уой, æндæр мæт кæй нæй... Ницы æрцахстой. Иу хатт дæр не схордта — раст цъайы æнгуырæй куы дарай, уыйау. Фырт йæхи цынадта, йæ къухтæ-иу хæрдмæ сивæзта æмæ-иу фæдзырд- та Фыдмæ, мæнæ-ма кæс, ам куыд арф у, зæгъгæ, æмæ-иу аныгъуылд, æмæ- иу цингæнгæйæ скаст æмæ йæ уæрæхгом цæстытæ дзырдтой, ды мемæ куы дæ, Фыд, уæд куьзд хъуамæ истæмæй тæрсон, куыд* Ай лæгæн цæргæ-цæ- рæнбонты зæрдылдзрæн бон куы скодта, цæргæ-цæрæнбонты йын йæ ныфс- видаргæнæн сæрдыгон хур бон куы скодта, уæд, зæгъгæ. Фыдæи йæхи на- йæн нæ уыд, йæ къахы цæф æххæст нæма байгас, фæлæ зæнгш ©нг æмæ æрдæгæн уæлæмæ йæхи ныхсадта, уæрджытæм доны астæу хæбæцц слæу- гæиæ, с*æй, семæ цы къæбæр рахастой — ногахст цыхт, дзул, цъæх хъонтхо- ратæ, къуыдырфых æйчытæ,— уыдон бахордтой, фæлæ хъæмæ здæхын зæр- дæ нæ бакуымдта: бон ахæм рæсугьд уыд, бонрæфты дуке афтæ дзæбæх уыд, æмæ лæджы нæ уырныдта, искуы ма тæхудыгæнгæйæ дæр ахæм бон скæндзæн, уый. Стæй ма йын,— æмæ йæ сæйрагдæр сагъæс уый уыд,— стæй ма йын искуы ахæм фадат фæуыд?æн, цæмæй ам уæлæмæ доныбылты тез- гъогæнгæ азила, йæ рагон цæуæнтæ-хæтæнтæ фена ,уымæн ма йын ахæм фадат фæуыдзæн — уый йæ нæ уырныдта æмæ - йæм хардзау дæр уымæн æркаст хьæмæ аздæхын — куы аздæхай, уæд цыма ныридæгæн ацы бон рох, дард мысинаг суыданд, мысинагау æнæраздæхгæ адард уыдаид, афтæ йæм сдзырдта йæ зæрдæ. — Уæд та уал Ауазæнмæ ацæуиккам! — Ногæй дарынмæ! — Фырт бадис: ау, нæ йæ зоны йæ баба, ацафон дарын бынтон дзæгъæлы кæй у, уый. — Нæ. Даргæ —нал. Нæй кæсаг. Нал ис. Йе, чи зоны, Теркмæ ацыд, йе та æппындæр нал ис, фесæфт, фæцагъды æмæ сыскъуыд йæ мыггаг. Хъай- мæты бон скодта цæугæдæттыл дæр... — Фарон ма æз æрцахстон. Хуыдзыхтæ дыууæ æмæ иу сардзан. 79
— Æнæуи суайæм. Æнгуыртæ уал мæнæ къутæрты нскуы бамбæхс. Ам нæ, ам — уартæ фæндаджыбыл. Фæстæмæ ма сæм ардæм здæхдзынæ... Бон изæрырдæм чысыл фæцудыдта, зына-нæзына фæмынæгдæр йæ ирд цæст. Дрвы сыгъдæг хъæдабæйыл иу къæмы тæпп хæснагæн не ссардзынæ, фæлæ хæхты дыдæгътæй хатгай æврæгъты фæскъаутæ уданстæй разынынц æмæ та фæстæмæ сатæджы амбæхсынц. Уæлдæф уырдæмты дардмæ кæс- гæйæ лæгъз быдыры сæрмæ тыбар-тыбур кæны. Адæймаджы æнцонæлхæнæн зæрдæ фырамондджынæй суынгæг вæййыг цард ын нал фæфаг кæны æмæ-иу ныфсджынæй бæргæ амæлид, ацы бон йемæ фæхæсдзæн æмæ дзы никуы сцух уыдзæн, уый-иу уырникаг æцæгдзи- &;адæй куы зонкд, уæд. Фыд кæйдæр ныхæстæ æрымысыд: «Цардæн бæргæ ницы у, цард хорз у, ахъаззаг файтон у цард йæхæдæг, фæлæ дзы цы бæхтæ ифтыгъд сты, уы- дон нæ бæззынц, уыдон — ницæйаг сты бæхтæ. Фæлæ, гъа, бæхтæ дæр сау- лох бæхтæ фæуæнт, аргъауы æфсургътæ фæуæнт, æрмæст æгуыдзæгдæр, æнарæхстдæр зын зæгъæн у, ахæм у сæ бæхтæрæг, æнæсæрфат у сæ бæх- тæрæг — цыппæрвадыгæй сæ тæры, скъæры, сæ фынк сын акалдта, фæлæ кæдæм, цы ранмæ, уый.. Уæллæй, уый нæ зоны, нæ»,— æрымысыд уыцы ны- хæстæ æмæ йæ цæстытыл цыппар аласа бæхы уайы, уыны сау цæхæркалгæ файтон, æмæ — диссаг! — бæхтæрæг та Уый — бирæхæрзиуæгджын Зæронд Бæхтæрæг. Æмæ та зæрдæ афтæ адымст мастæй, афтæ цæхгæр айдзаг рисæй, æмæ нал цæуы риуы мидæг, йæ рис сæнхъæвзта цæстытæм, æмæ та фæсаугуырм сты уыдон дæр. Чингуытæй йæ нæ уарзы, зарджытæй йæ нæ уарзы, йе кинотæй — йæ тугæй йæ уарзы! Йæхи у æнæхъæн Егъау Бæстæйæ дæр, зæрдæйы дзагæй йæ уарзы, зæрдæйы дзагæй! Æмæ, уæуу, мæнæ мардæрцыд, æмæ йын зæр- дæйы дзаг — зæрдæйы цас цæуы, зæрдæйы бон цас бауромын у, уымæй стырдæр, уымæй фылдæр хъыг у йæ алы æфхæрд дæр, цытæ æййафы æф- хæрдæй, уыдон ын хъыг сты, удрæмудзæг хъыг! Æмæ — фæраз? Æмæ, дам, фæраз, быхс, дæхи уром. Куыд! Цы абоны, цы фидæны сæраппонд! Бæхтæрæджы хæрзиуджытæ дæр хæрзиуджытæ æмæ йе ’дзард хæстон æмбæлтты хæрзиуджытæ дæр хæрзиуджытæ. Цымæ сын сæ цы сойсæрст ныхæстимæ бадаргъ кæнынц сæ ныййарæг мадæлтæм, цы цæстæй сæм бакæ- сынц æмæ та уый, Зæронд Бæхтæрæг, цы ’фсармæй рацæуы дунейы размæ æмæ, йе ’фсæр æрхауæрхаугæнгæ, цы цæсгомæй райдайы сойсæрст фæ- лывд ныхæстæ дзурын!.. Диссаг уый у, æмæ диссаг кæй не сты йæ рацыд дæр, йæ ныхæстæ дæр — фæтк у уый, æвæтк фæтк, æварн фæтк, фæлæ фарны бынат барджы- нæй бацахстой сойсæрст былдауæнтæ æмæ дзы сæхи сфидауын кодтой. Æн- дæрхуызон куы фæуид нæ царды æварн, æнæфсарм фæтк, уæд диссæгты æцæг диссаг та уый уаид. Фæлæ ма афтæ бирæ ахæсдзæн! Бирæ ма фæраз- дзысты адæм! Æви... Нæ сæм хъары, нæ, адæм кæй сты, уый. Нал сæм хъа- ры: ферох сæ, нал æй зонынц, адæм циу, уый... Бакаст Фыртмæ. Афæстиат ыл йæ зæрдæсау цæстæнгас>Æнгуыртæ кæ- рæдзиуыл бæтты —гæн стыдта, аздыхта йæ, йæ цъар куыд) фæхицæн уа, афтæ æмæ йæ уадздзаггай бастыгъта, гæрзгай йæ рауагъта æмæ сæ уыдо- нæй бæтты — гæны тæф æрбакалд, ахæлиу уæлдæфы. Фырт... 80
Бауарздзæн, аххæсдзæн уымæн дæр йæ уарзт æнæхъæн Егъау Бæстæ- йыл, анхъæвздзæн йæ туджы, сæрыстырь: хос ын чи уыдзæн, уыцы стыр егъау бæстæмæ æхсызген уарзт, хъæбулы æвидигæ иузæрднон уарзт. Æмæ йын æм сойсæрст ныхæстæй, гъæй-джидЕ«, иуы нæ фæныхиликкой, куы нæ йын æй сгалиу кæникко^, фæлывд, сайд, дзыллæтæн хæрам (кгад анекдот- тæй сæхи ирхæфеынц, уæддæр алцыдæр æмбарынц, глцы!], адæмæн хæрам хъуыддæгтæм разæнгардгæнæг мадзал ын куы нæ скæниккой Райгуырæн Бæстæмæ йæ сыгъдæг уарзтæй, уый исмæй мын йе ’фсарм куы нæ кай кæ- кнккой, йæ тæригъæды, йе ’нæхин уарзты тæригъæды йын куы нæ бацæуик- кой, бæстæхудинаггæнæн хъуыддагæй æфхæрд куынæуал баййафид йæ уар- зон Бæстæ хæрам зонды æхсарæй: гъæй-джиди, цалынмæ уый лæг кæны, уæдмæ нæ зæрдæдарæн рæстуд дуг куы ралæууид — кæд, кæд ма уæдæ суыдзæн ацы дуне хорз адæймагæн æдасæй цæрæн зæхх! Кæд? И, дæлæ згæхуыз æнæвдæлон мæлдзыг! Цырд фæгуыбыр кодта æмæ зæххæй рыджы муртимæ мæлдзыджы сис- та. Уый йæ гæндзæхтæ уигъы, йæхи тоны. Æнæхъæн дуне Фыды мидзæр- дæмæ хаты, ауадз æй, ма бацу йæ хъыджы, зæгъгæ. Хъавгæ йæ зæххыл æрæвæрдта. Мæлдзыг æхситгæнгæ стырындз. Дуне сулæфыд. ...Цæугæдон æрдынау фæтасыд, фæндаг дæр йе ’мвæз бакъæдз. Бæлæ- сты къох Цæугæдоны йæ хъæбысы банорста, æмæ йæ хъæлæс нæ хъуысы. Иу дæргъвæтин уырдыггомауы рогæн кызгъордтой лисапедтæ, стæй, фæн- даг кæм фæхæрд кодта, уым цæхгæр фæурæдта фыд: фæндагæй иуварс бæрзонд кæрдæджы æхсæнæй зынд æфсæйнаг хæтæлтæй конд чырыстон цырт. Афтид, æнæ ингæн сау цырт, фыст дæр ыл ницы уыд. Ай циу! Фырт дæр фæлæууыд. Фæрсмæ йæм кæсы. — Ай циу! Ам цырт куы никуы уыд. — Уæртæ уыцы хæрисыл æндæраз иу стыр лæппу йæхи æрцауыгъта æмæ уый цырт у. — Цæмæн! Цæмæн æрцауыгъта йæхи! — Нæ зонын... Ссардта, цæмæн, зæгъгæ, кæй фæрса, уый. Ма та фæу, ма та схæц ууып дæр хъуыдытыл, зæгъгæ, фегуырд йæ сæры, фæлæ дын зæрдæйæ ахæмха- барыл сагъæс ссурын комы — исчи амард, зæгъгæ, куы фехъусы лæг, уæд- дæр фестъæлфы зæрдæ, бамæгуыр вæййы, фæлæ чидæр йæхи амардта, æр- цауыгъта, зæгъгæ, æрцыд хъустыл — уæд фæхуыдуг вæййы лæджы дуне: уый та куыд — дæхи амар! дæхи æрцауыидз! Ныззылынджын вæййы лæджы раз æппæт дуне дæр... Фырт хæрды дæр рæвдз здухы цæлхытæ, разхъæды сæрмæ слæугæйæ. Фыд лисапеды сыкъатыл хæцы æмæ афтæмæй зына-нæзына къуылых фистæгæй цæуы, кæд хæрд ахæм мæлæты цæхгæр хæрд нæу, уæддæр. Уæлбылæй рæхснæг тала акъациты къохгонд разынд — рухс сæ зæнгты æхсæнты ивылы, рог уддзæфмæ хатгай сæ цъуппыты тихалæг къалиуты са- быргай батилынц, сæ сыфтæр, худæгæй цыма бакъæцæл, уыйау стыбар-ты- бур кæны, æмæ та фæстæмæ феидзыг вæййынц, æрдз сын куыд амоны, сæ- хи афтæ дарынц, ноджы æнæхъæстагæй, алцæуыл дæр рагацау разыйæ. О, кæдæй-уæдæй фембæлæг: бæхуæрдонджын. Салам сын радта. Фыд ын раарфæ кодта. Аивгъуыдта сæ иувæрсты, адерддзæф, афтæ дын йæ бæх цæмæйдæр куы фæтæрсид — ахаста йæ, феррадзæф. Лæг рохтæ йæхимæ йæ тых-йæ бонæй ивазы, уæрдоны лæугæ дæр ма скодта, уæддæр нæй, нæ йыи 6 Мах дур № 10 81
момы бæх бауромын. Гуыффæйы æвæрд цæвæг фæхъен, лæджы куы фæ- лыг кæна! Уалынджы бæх æрлæууыд, йæ сæр знæтæй стылдта, футтытæ кæны. — Цы йын кодта, баба! Истæмæй фæтарст! Цæмæй! Махæй, мыййаг! — Чи йын цы зоны!.. Кæд ыл дзынга фæхæцыд... (Кæд æм уыцы хæри- сæй марды тæф абон дæр ма хъуысы! Бæх адæймагæй æрдзмæ кæуылты хæстæгдæр у, æмæ). Æмæ кæй стыр лæппу уыд! — Чи! А-а... Мах хъæуккаг нæу. Халæттæ йыл æмбырд кодтой, æмæ йæ. быдыргæс хъалагъур Нæкуысаты Умар афтæмæй базыдта,—æрбакаст Фыд- мæ, цыдæр бафæрсын æй кæй фæнды, уый бæрæг у.— Баба, æмæ йæд... Лæг йæхи цымæ цæмæн... — Ма йыл хъуыды кæн. Лæгау лæг хъуамæ афтæ макуы бакæна — ху- динаг у, тынг худинаг у уый адæмæй. Лæгау лæг... Йæ равзæрдæй нырмæ лæг цынæ фæлгæтты конд цæуы, барджынæй йыл цынæ хæс æвæрд цæуы, цынæ фæткы домæнты номæй йæ бакъуым кæны æндæр лæг, цы хуызы æмæ йæ куыд хуызы нæ тæрынц донмæ æмæ йæ æкæ донæй цынæ фæлывд зоидæй не здахынц ног цъысымы фæлва- рæнтæм, ногæй æрцыбыртæ кæнынмæ — бафæллад, о хуыцау, бафæллад лæг æмæ йæм нæдæр фарны хур нал хъары, нæдæр æфхæрды хъызт, йе сæфт федта сидтытæй, йæхи куы зоны, уæдæй нырмæ æндæр ницы хъусы: уый аккаг у, цæмæй октяброн уа дæ ном; уый аккаг у, цæмæй ногдзау хуый- най; уый аккаг у, цæмæй фæскомцæдисы раззаг рæнхъыты цæуай; уый ак- каг у, цæмæй партины...; уый аккаг у, цæмæй советон адæймаджы... советон æфсæддоны кад æмæ намыс... Æмæ хæетæ та! Æнæхъæн æргъом, фæлæ се ’хсæн адæймаджы, хуымæтæг, хуыцауы сфæлдыст, зæххон æмæ уæларвон монцтæй хайджын уды хицау адæймаджы хæстæ нæй, адæмы æхсæны уæн- джы хæстæ йын йæ цæсты кадджын нæ кæнынц, йæ туджы йын сæ нæ уа- дзынц, йе ’фсармы йын сæ нæ фидар кæнынц — æнгуз æнгуз у, акъаци акъа- ци æмæ афтæ дарддæр æмæ ныр, зæгъæм, æрдз акъацийæ æнгуз уæвын куы домид, æигузæй т« акъаци, йæ уидæгтæ йын ницæмæ даргæйæ, уæд уый куыд уаидг уый — нæ худид адæймаг æрдзы æвæтк домæнтыл! Худид, адæй- мзджы та худын æмæ фидистæй чи кæд бафсæста... Фæлæ — адæймаг зайæгой нæу. Нæу. Æмæ цы, хатыр ын нæй! Нæй йæ йæхи б^р усдзæн, ^угæр адæмы æлсæн райгуырд, уæд! Нæй. Нæй æрмæст- дæр щ хъуыддаджь!: уый хæрзгзбоныл куьщ куыстой адæм, уый дæр афтæ уыцы хæс ,æцæг адеэймагон хæс, дарддæр фидæд. О, цæй, уый дæр йæ размæ зæгъæг уыд, 1юджы аивдæрæй æмæ карз- дæрæй. Фæлæ... Фæлæ уыцы стыр лæппу дæр кæцыдæр номы аккаг кæ фæци, кæцы- дæр хæсыл фаг æнувыд нæ уыд æмæ йын бафидис кодтой, æмæ уæд уый дæр... Йæхи чи амары, уыдон сæ маст æппæт адæмæй дæр исынц, æппæт цар- дæй дæр, æппæт дæр сæ мæлæты зылынджын сты, æппæтæн дæр уый фи- дис кæны, уайдзæф: нæ бæззут адæймæгтæн, нæ бæззы уæ цард адæйма- джы цардæн, хæрам у уæ дуне лæджы лæппын удæн — сымах мык байсæр- стат мæ ауындзæн бæндæн уæ фæлывд ныхæсты сапонæй, сымах мын баф- тыдтат мæ хурхыл æрвæдзæг, афтæмæй ма мæ мæ мæлæты фæстæ дæртæ— / 82
мгст исут: уæлмæрдты мæ ке ’вæрут (ныр æвæрынц, ныр ахæм карз нал у уыцы фæтк|г тутæ мыл кæнут, æз та... Æз та мæ мæлæты фæстæ дæр кæуын, уымæн æмæ сымах, мæ удхор адæмг сымах мысын здджынæн... Йæ адæймаджы ном йæ зæрдæйы кæмæн ныффидзр, æндæр чидæр та адæймаджы ном ссæнды, зæгъгæ, уæд йæ маст кæмæн рафыцы (фашисттæ лæджы ком нчцæмк дарынц! Мгэлæт пь»ш! Душмзнтæ лæджы ном ссæндынц! Мæлæт сыи!), уыдонæг* хъæбатырдæр нæй хæсты, сыгьдæг удтæй хъæбатыр- дæр нæй, æдæрсгæ^æр хæстонтæ уыдонæй нæй. Гъа, æрмæст сыл сайд æр- цыд, уый сæ куы бауьерна, уый сæм куы бахъара, уæд... уæд... Уæд чн йæ къух йæхиуып ауигъы, лæгæи нал сбæззы, чи та... Ма йыл андзæв, ма йæ ба- хъыгдар!.. Æмæ уæдæ алы хæцæг æфсады хæс дæр уый у: мах — адæм, адæй- мæгтæ стæм; знæгтæ та — адæмы зкæгтæ, адæймаджы цыфыддæр знæгтæ æмæ — кæрæдзийы цæгьдгæ! Цæгъдгæ, цалынмæ æрчъицой дыууæрдыгæй дæр, цалынмæ дыууæрдыгæй дæр сэо туджы расыг ссæуа, уæдмæ сæм нæ бахъардзæн: ауг нæ ныхмæ чи цæуы мæлæттаугæ, уыдоны гхсæн куыд нæй адæймæгтæ, кæд кæрæдзийы кæрдтыл галиу зонды хæраймаг ардыдæй баф- тыдыстæм, уæд та! Хъуыдыйы фаллэг, бæрзонд былмæ туджы зæйтыл æмæ æлыгцъыф фæн- дæгтыл ахизы адæймаг. «Æмæ ды та ныр чи дæ! Бахæццæ дæ уыцы фаллаг, бæрзонд былмæ!»— мачи йæ бафæрсæд афтæ, искæмæн æм дзуапп нæй, искæмæн дзуапп рат- тыкы бар ын нæй, ахæм хæс йæхимæ йæхæдæг дæр нæ исы. Æцæг афицер — паддзахады ардыд Куыдз! (Фæтарст йæхи ныхæстæй, фæлæ ма сын цы акæна...) — Баба... — Цы> — Бафæрсон дæ... Тынг цæмæйдæр дæ бафæрсон! — Тынг цæмæйдæр та цы хоныс! Цæй-ма, бафæрс мæ... тынг цæмæй- Дæр. Фырты цæстытæ — нæуæндаг, нæ йæ уæнды бафæрсын, нæ уæнды йæ фарст раттын. — Æццæй... — Кæйдæр ныхæстæ фæзмдзæн, æмæ уымæн нæ уæнды ба- фæрсын, кæйдæр ныхæстæ сты, æндæр афтæ нæ райдыдтаид: «Æццæй!» Иуæй сыл æууæнды, иннæмæй та дызæрдыг кæны æмæ йæ тынг фæнды, раст куы нæ разыниккой искæй ныхæстæ, уый.— Æццæй, мах... Сымах... Сæ- хæдæг нæм нæ фæсидтысты æххуысмæ! Æццæй, мах сыл десант æркалдтам! Нæ, нæ, нæ йæ фæнды, уыцы æрыхъусæггаг иыхæстæ раст куы разыник- кой, уый — ау, уæд æй йæ Егъау Бæстæ сайгæ кæны, афтæ куы фæдзурынц телевизырæй, æфсымæрон... сыхаг мæгуыр адæммæ... сыхаг бæстæйæн йæхи сидтмæ гæсгæ барвыстам уырдæм не ’фсæдтæ, зæгъгæ, уæд... уæд уый та куыд, æмæ йæ йæ бæстæ, йæ ахуыргæнджытæ сайгæ кæной, уынджы стыр лæппутæ, æфсадæй чи сыздæхт, удон та æцæгæй дæр æцæгтæ дзурой! Лæп- пуйы цæсты, æфсадæй чи сыздæхт, уымæн, ай-гъайдæр, ахуыргæнæгæй фыл- дæр кад ис, ахуыргæнæг сайгæ дæр акæндзæн, уый нæ уæнды рæстдзинад дзурын директорæй, фæлæ телевизыр та... Ау, куыд хъæцы йæ цæсгом æп- пæт адæмы сайын, хъæздгуытæ сайынц адæмы, махмæ та... Нæ комы йæ зæрдæ, нæ йæ фæнды уый, æмæ йæ бæстæ гæды ныхæстæ кæна адæмæн. 83
комы бæх бауромын. Гуыффæйы æвæрд цæвæг фæхъен, лæджы куы фæ- лыг кæнз! Уалынджы бæх æрлæууыд, йæ сæр знæтæй стылдта, футтытæ кæны. — Цы йын кодта, баба! Истæмæй фæтарст! Цæмæй’ Махæй, мыййаг! — Чи йын цы зоны!.. Кæд ыл дзынга фæхæцыд... (Кæд æм уыцы хæри- сæй марды тæф абон дæр ма хъуысы! Бæх адæймагæй æрдзмæ кæуылты хæстæгдæр у, æмæ). Æмæ кæй стыр лæппу уыд! — Чи! А-а... Мах хъæуккаг нæу. Халæттæ йыл æмбырд кодтой, æмæ йæ быдыргæс хъалагъур Нæкуысаты Умар афтæмæй базыдта,—æрбакаст Фыд- мæ, цыдæр бафæрсын æй кæй фæнды, уый бæрæг у.— Баба, æмæ йæд... Лæг йæхи цымæ цæмæн... — Ма йыл хъуыды кæн. Лæгау лæг хъуамæ афтæ макуы бакæна — ху- динаг у, тынг худинаг у уый адæмæй. Лæгау лæг... Иæ равзæрдæй нырмæ лæг цынæ фæлгæтты конд цæуы, барджынæй йыл цынæ хæс æвæрд цæуы, цынæ фæткы домæнты номæй йæ бакъуым кæны æндæр лæг, цы хуызы æмæ йæ куыд хуызы нæ тæрынц донмæ æмæ йæ æнæ донæй цынæ фæлывд зондæй не здахынц ног цъысымы фæлва- рæнтæм, ногæй æрцыбыртæ кæнынмæ — бафæллэд, о хуыцау, бафæллад лæг æмæ йæм нæдæр фарны хур нал хъары, нæдæр æфхæрды хъызт, йе сæфт федта сидтытæй, йæхи куы зоны, уæдæй нырмæ æндæр ницы хъусы: уый аккаг у, цæмæй октяброн уа дæ ном; уый аккаг у, цæмæй ногдзау хуый- най; уый аккаг у, цæмæй фæскомцæдисы раззаг рæнхъыты цæуай; уый ак- каг у, цæмæй партийы...; уый аккаг у, цæмæй советон адæймаджы... советон æфсæддокы кад æмæ намыс... Æмæ хæстæ та! Æнæхъæн æргъом, фæлæ се ’хсæн адæймаджы, хуымæтæг, хуыцауы сфæлдыст, зæххон æмæ уæларвон монцгæй хайджын уды хицау адæймаджы хæстæ нæй, адæмы æхсæны уæн- джы хæстæ йьан йæ цæсты кадджын нæ кæнынц, йæ туджы йын сæ нæ уа- дзынц, йе ’фсармы йын сæ нæ фидар кæнынц — æнгуз æнгуз у, акъаци акъа- ци æмæ афтæ дарддæр æмæ ныр, зæгъæм, æрдз акъацийæ æнгуз уæвын куы домид, æнгузæй та акъаци, йæ уидæгтæ йыи нмцæмæ даргæйæ, уæд уый куыд уаидг уый — нæ худид адæймаг æрдзы æвæтк домæнтыл! Худнд, адæй- мзджы та худын æмæ фидистæй чи кæд бафсæста... ©æлаэ — адæймаг зайæгой нæу. Нæу. Æмæ цьа, хатыр ын нæй! Нæй йæ иæш бар уадзæн, ыугæр адæмы æхсæн райгуырд, уæд’ Нæй. Нæй æрмæст- дæр ’лу хъуьзддаджы: уый хæрзæбоныл ку^д куыстой адæм, уый дæр афтæ уыцы хæе ,æцæг адæймагон хæс, дардяæр фидæд. О, цæй, уый дæр йæ размæ зæгъæг уыд, коджы аивдæрæй æмæ карз- дæрæй. Фæлæ... Фæлæ уыцы стыр лæппу дæр кæцыдæр номы аккаг нæ фæци, кæцы- дæр хæсыл фаг æнувыд нæ уыд æмæ йын бафидис кодтой, æмæ уæд уый дæр... Йæхи чи амары, уыдон сæ маст æппæт адæмæй дæр исынц, æппæт цар- дæй дæр, æппæт дæр сæ мæлæты зьшынджын сты, æппæтæн дæр уый фи- дис кæны, уайдзæф: нæ бæззут адæймæгтæн, нæ бæззы уæ цард адæйма- джы цардæн, хæрам у уæ дуне лæджы лæппын удæн — сымах мын байсæр- стат мæ ауындзæн бæндæн уæ фæлывд ныхæсты сапонæй, сымах мын баф- тыдтат мæ хурхыл æрвæдзæг, афтæмæй ма мæ мæ мæлæты фæстæ дæр уæ / 82
мгст исут: уæлмæрдты мæ ке ’вæрут (ныр æвæрынц, иыр ахæм карз нал у уыцы фæтк), тутæ мьш кæнут, æз та... Æз та мæ мæлæты фæстæ дæр кæуын, уымæн æмæ сымах, мæ удхор адæм, сымах мысын здджынæн... Йæ адæймаджы ном йæ зæрдæйы кæмæн ныффидэр, æндæр чидæр та эдæймаджы ном ссæнды, зæгъгæ, уæд йæ маст кæмæн рафыцы (фашисттæ лæджы ком нмцæмæ дэрьшц’ Мæлæгсын! Душмвнтæ лæдя:ы ном ссæидынц! Мæлæт сын*)7 уыдонæг? хъæбатырдæр нæй.хæсты, сыгъдæг удтæй хъæбатыр- дæр нæй, æдæрсгæ&æр хæстонтæ уыдонæй нæй. Гъа, æрмæст сыл сайд æр- цыд, уый сæ куы бауырка, уый сæм куы бахъара, уæд... уæд... Уæд чи кæ къух йæхиуыл аунгъы, лæгæи нал сбæззы, чи та... Ма йыл андзæв, ма йæ ба- хъыгдар!.. Æмæ уæдæ алы хæщæг æфсады хæс дæр уый у: мах — адæм, адæй- мæгтæ стæм; зиæгтæ та — адæмы знæгтæ, адæймаджы цыфыддæр знæгтæ æмæ—кæрæдзийы цæгъдгæ! Цæгъдгæ, цалынмæ æрчъицой дыууæрдыгæй дæр, цалынмæ дыууæрдыгæй дæр сæ туджы расыг ссæуа, уæдмæ сæм нæ бахъардзæн: ау, нæ ныхмæ чи цæуы мæлæттаугæ, уыдоны ’хсæн куыд нæй эдæймæгтæ, кæд кæрæдзийы кæрдтыл галиу зонды хæраймаг ардыдæй баф- тыдыстæм, уæд та! Хъуыдыйы фаллэг, бæрзонд былмæ туджы зæйтыл æмæ æлыгцъыф фæн- дæгтыл ахизы адæймаг. «Æмæ ды та ныр чи дæ! Бахæццæ дæ уыцы фаллаг, бæрзонд былмæЬ— мачи йæ бафæрсæд афтæ, искæмæн æм дзуапп нæй, искæмæн дзуапп рат- тыкы бар ын нæй, ахæм хæс йæхимæ йæхæдæг дæр нæ исы. Æцæг афицер — паддзахады ардыд Куыдз! (Фæтарст йæхи ныхæстæй, фæлæ ма сын цы акæна...) — Баба... — Цы2 — Бафæрсон дæ... Тынг цæмæйдæр дæ бафæрсон! — Тынг цæмæйдæр та цы хоныс! Цæй-ма, бафæрс мæ... тынг цæмæй- Дээр. Фырты цæстытæ — нæуæндаг, нæ йæ уæнды бафæрсын, нæ уæнды йæ фарст раттын. — Æццæй... — Кæйдæр ныхæстæ фæзмдзæн, æмæ уымæн нæ уæнды ба- фæрсын, кæйдæр ныхæстæ сты, æндæр афтæ нæ райдыдтаид: «Æццæй!» Иуæй сыл æууæнды, иннæмæй та дызæрдыг кæны æмæ йæ тынг фæнды, раст куы нæ разыниккой искæй ныхæстæ, уый.— Æццæй, мах... Сымах... Сæ- хæдæг нæм кæ фæсидтысты æххуысмæ? Æццæй, мах сыл десант æркалдтам! Нæ, нæ, нæ йæ фæнды, уыцы æрыхъусæггаг иыхæстæ раст куы разыник- кой, уый — ау, уæд æй йæ Егъау Бæстæ саигæ кæны, афтæ куы фæдзурынц телевизырæй, æфсымæрон... сыхаг мæгуыр адæммæ... сыхаг бæстæйæн йæхи сидтмæ гæсгæ барвыстам уырдæм не ’фсæдтæ, зæгъгæ, уæд... уæд уый та куыд, æмæ йæ йæ бæстæ, йæ ахуыргæнджытæ сайгæ кæной, уынджы стыр лæппутæ, æфсадæй чи сыздæхт, удон та æцæгæй дæр æцæгтæ дзурой! Лæп- пуйы цæсты, æфсадæй чи сыздæхт, уымæн, ай-гъайдæр, ахуыргæнæгæй фыл- дæр кад ис, ахуыргæнæг сайгæ дæр акæндзæн, уый нæ уæнды рæстдзинад дзурын директорæй, фæлæ телевизыр та... Ау, куыд хъæцы йæ цæсгом æп- пæт адæмы сайын, хъæздгуытæ сайынц адæмы, махмæ та... Нæ комы йæ зæрдæ, нæ йæ фæнды уый, æмæ йæ бæстæ гæды ныхæстæ кæна адæмæн. 83
Дыиджыр лæппутæ дæр æрымысгæ хабæрттæ куыд кæндзысты, фæлæ уыдо- нæй дæр ды, йæ Фыд, фылдæр зоныс, алцыдæр хуыздæр зоныс, ды дзырд- дзæугæдæр дæ — ды афицер дæ, афицер, ноджы ма Уым уыдтæ дæхæдæг, Уым фæцæф дæ, Уым райстай хæрзиуæг æмæ дæуæй хъал, сæрыстыр у— æмæ ныр куыд, ма уæнда дæуæй йе ’мгæрттæн æппæлын, къæмдзæстыг дæ уэ2 Бирæ фæхъуыды кодта йæ фарстайыл, бирæ йæ фергъæвта — дæумæ æнхъæлмæ каст, дæ сыздæхынмæ уыд йæ каст, фæлæ ма уæддæр йæхи ацы къуыри урæдта, тæккæ дысон дæр афæлтæрæнтæ кодта бафæрсын, ба- хъавыд-иу, фæлæ та-иу нæ бахаста йæ ныфс, хъыг куы уа фыдæн (мæнæн хъыг куы уа, мæнæн!), зæгъгæ, та-иу йæхи баурæдта. Раст у, раст у: рæстдзинад дызæрдыггаг куы суа, уæд уый æцæг рæст- дзинады сойсæрст аууон йеддæмæ ницуал у, уый æмбæхсын кæй хъæуы, здæмæй басусæг кæнын, уыцы æцæг рæстдзинадыл комдзог цæуæг у — æмæ нæ уырны адæмы, нæ сæ уырны, нæ, мах Уырдæм фæтк æмæ нывыл хуыкды кæй бацыдыстæм, хæддзу тыхгæнæг æфсад кæй не стæм, уый — æмæ уæд цæй рæстудæй калæм нæхи туг дæр æмæ кæйдæр туг дæр... Туг сырх кæй у, уый дызæрдыггаг куыд нæу, афтæ хъуамæ дызæрдыг- гаг ма уа рæстдзинад дæр. Хъуамæ... Хъуамæ... Хъуамæ! Хъуамæтæй æфсæстдæр адæм мах адæ- мæй иу адæм дæр нæй зæххыл. Фырт хъуамæ... Нæ йæ хъæуы! Щ хъуамæ дæр! Уæдæ йын, уæдæ йын цы дзуапп радта, цы! — Æз æфсадмæ куы цæуон, уæд ракурдзынæн, цæмæй мæ десантмæ арвитой... — Уый хорз, фæлæ, гъы-гъы, куыд десант, дам, сыл æрæппæрстам? — Æхсæвы. Тынг сæ февзæрстой, ахæм дæсны десантникты. Акъуырæн, дам, сьш нæй. Топпæй... Уæлдæфы бæлонау фæфæлдæхынц æмæ фæлдæхгæ- фæлдæхыны дæр, уæлгоммæйæ тæхгæ-тæхыны дæр, зæхмæ хаугæ-хауыны дæр афтæ рæстдзæвин æхсынц æмæ æппындæр кæ ивгъуыйыкц. Мины бæрц дæр, дам, иæ уыдысты, афтæмæй, дам, хъахъæнджытæй... Йæды хъа- хъæкджытæй, сæ президенты хъахъæиджытæй дуне æфсад ныххафтой, йæхи дæр, дам, ын амардтой. Афтæ уыд! — Гъы, гъы, æмæ, дам! — Æмæ, дам, сæ хæдфæстæ та нæ танктæ батахтысты. — Тамктæ-йа! Батахтысты-йа! — Йæд... Цы худæг фæрæдыдтæи... Йæд... Бабырстой æви... Мæнæ сæ с^ыр хæдтæхæгæй баластой æмæ... — Чи дын ракодта уыцы аргъау!.. Æрымысгæ хабæрттæ сты. Афтæ нæ уыд. Стæй... О, десантмæ дæ фæнды! Цæмæн! — Рæсугъд дарæс дæр сын ис, фæлæ... Цынæ зонынц, цынæ! Цæуыл сæ нæ ахуыр кæнынц стæй! Самбойæ. Дзюдойæ. Къаратейæ! — Æмæ, зæгъæм, дæу... Æмæ дын куы зæгъой, ахсæв уæ æркалдзыс- тæм кæмдæр... Зæгьæм, сыхаг бæстæйы. Æххуысмæ нæм куы фæсидой, уæд дæ бафæнддзæн... Дæхи дын куы фæрсой, уæд барвæндæй сразы уыдзынæ! Æвиппайды дзуапп мын ма ратт, ахъуыды кæн. Ракаст æм, афæстиат ыл йæ цæстæнгас, цымыдисаг лæмбынæг цæстæн- гас, æдзынæг-æдзынæг, стæй бахудт æфсæрмхуыз. Ногæй та, ныр æргомдæ- 84
рæй бахудт. Æмæ фæсагъæсджын, фæтардзæсгом, йе ’рфгуытæ дæр ма фен- цъылд сты. Цы йæм сдзырдта йæ гыццыл зæрдæ, цæуыл цымæ бахудт! Гьæй, гæды, гæды, ныр ды кæй ракъахынмæ хъавыс, зæгъгæ, афтæ ахъуыды кодтаид æмæ ууыл бахудт, цытæ ма фехъуыста, уыдон йæ зæрдыл æрбалæууыдысты æмæ уымæн фæтарæрфыг, фæхъуыдыдзаст! Цæмæн стъæлфы йæхимидæг æргом- дзырд уæвынæй, йæ фыдимæ дæр цæуыннæ уæнды æргомзæрдæ уæвын, цавæр ахæм тас ис йе ’нахъом уды! Кæд дзы ис, уæд æм кæцæй æрцыд уыцы тас! *- — Мæнæ, йæд у... Æрыхъусæггаг хабæрттæ сты, о. Фæлæ нæ хъæуæй дыууæ лæппуйы ахæстоны сты... Йæд... Ахæстоны нæ, фæлæ æфсады... Æнæуи ахæстоны нæ, фæлæ æфсады ахæстоны... Тæрхон дæр, дам, сын йæд... Трибунæ кæндзæн. — Трибунал. — О, о! Трибунал! Уырдæм сæ... Ды кæм уыдтæ, уырдæм... Уырдæм сæ ластой, æфсадмæ сæ куы акодтой, уæд æмæ фæхыл сты... Иууылдæр фæхыл сты, кæй ластой, уыдон иууылдæр æнæхъæн поездæй. Барæй фæхыл сты, сæ афицерты дæр снадтой, вагæттæ кыппырх кодтой... Барæй, фæлæ тынг над- той кæрæдзийы дæр. Цæмæй, дам, сæ Уырдæм мауал аласой (Уырдæм хи- цæн хъæлæсы уагæй куыд загъта!), уый тыххæй, дам, бадзырд кодтой хыл ракъахын — фæлтау, дам, ахæстоны хуыздæр. Уыцы дыууæ лæппуйы æфсад- мæ цы бон фæндараст кодтой, уыцы бон далæ Мустиччы лæппуйы та ны- гæнгæ кодтой — Уым фæмард. Хылы ома нæ, Уым... Æфсæйнаг чырыны йæ сластой, æхгæд чырыны, æмыр æхгæд, фæлæ дзы рудзынг мардмæ ныккæ- сынæн. Йемæ афицер æмæ салдæттæ дæр ссыд. Чырын гом кæнын нæ уагъ- той, фæлæ йæ Мустикк хæсгардæй алыг кодта, мардæй дæр, дам, ыл мæ бар нæ цæуы, зæгъгæ, æмæ... Йæ лæппуйæн ма йæ цæсгом æгас уыд, æн- дæр иууылдæр саусыгъд. Æмæ, дам, уыцы дыууæ лæппуйы дæр, мæнæ ахст чи у, барæй хыл чи фæцис, уыдон дæр уый кæй федтой, кæд, дам, уый тыххæй... Фæлтау, дам, ахæстокы фæбад, цæйнæфæлтау дæ саусыгъдæй... — Ды сразы уаис! — Десантæй Уырдæм! — Уырдæм дæр фæуæд. — Сразы уаин. Худинаг у тæрсын... V Цæмæн æй домьк, цытæ дзы домы, куыд æй бафæрса ныр, худинаг у тæрсын, зæгъгæ, цы хоны, уымæй — лæджы дзуапп у, фæлæ дзы цæй лæг ис нырма; о, худинаг у тæрсын, лæг худинагæй тæрсы, сæрибар нæу йе ’фсармæй æмæ, фæлæ æндæр кæмæндæрты, бирæ æндæр кæмæндæрты, бæрзонд бадæг кæмæндæртæн бирæ цыдæртæ худинаг куы нал вæййынц, сойсæрст гæды ныхæстæй æфсæрмы куы нал фæкæнынц, сæ хъуыддæгтæ сæ ныхæстыл комдзог цæуын куы райдайынц æмæ уæддæр читт куы нæ кæ- нынц, уæд адæмæн дæр зноны худинаг хъуыддаг абон худинаг нал вæййы, худинаг ма худинаг уыцы ног уавæрты дæр кæмæ фæкæсы, уый та сæ цæ- сты æдылы у, раздæр уал тæригъæддаг æдылы, стæй, цъæлхъæр куы кæна, фидистыл куы схæца, йæ бæрзонд ныхæстæй зæрдæцъæх куы фæуой, уæд та тæригъæддаг æдылы нал вæййы, фæлæ адæмæн æнæуынон свæййы — нæ алыварс цытæ цæуы, цытæ цæуы нæ алыварс, ай та, йæ мæрдты былтæ фе- сафа, цытæ лæхуры* Цавæр æфсарм! Цавæр худинаг! Цавæр интернацион хæсЩавæр æфсымæртæ! «5
Куы ныккæснд йæ зæрдæйы арфмæ æмæ дзы цытæ ауына, уыдоныл йæ- хи куы кæ атигъ кæнид, комкоммæ кæсын сæм куы бауæндид; йæ хьуыдыты рафæлив-бафæливмæ куы байхъусид, куы бамбарид йæхи, йæхи, æппæтæй дæр сæрибар адæймаджы, мæнæ ма бардзырд æхкæст кæныны размæ лæ- гæн цы цыбыр дуг,аззайы йæ мидзæрдмæ байхъусынæи, йæ мидцæлхдур- тыл асагъæс кæныкæн — цардил^æ йæ цы тугдадзингæ бæтты æмæ йыл мæ- лæтнмæ æмрæнхъыты ныббырсты фæцæуыи зквæг кæй тыххæй бахæцы, уы- доныл куы ахъуыды кæна амæ сæ хъуыдыгыл, сагъæсы аккзг æцæг хъуыды- тыл куы банымайа, уæд куыд нæ лæууы йæ зæрдыл йæ уды уæдыккон уа- вæр: нæ йæ уыркыдта, нæ йæ иста йæ туг, нæ, Уырдæм сæ æцæгдæр сæры- стыр, æнæкьæмдзæстыг хъуыддаджы фæдыл кæй æрвитыкц, арфæйаг тох- вæндагыл кæй цæуы, уый йæ нæ уырныдта зæрдæйы арфæй, зонды æппæт кæрдæн?æй — уымеск ггй нгэ уыркыдта уый, æмæ ма йæм æидæр хъуыддаг дæр æнæгуырысхойаг каст: чи сæ ’рвыста, бардзырд кæмæй рацыд, уыдоны дæр нæ уырныдта сæ бархъомысы рæстдзинад, уыдоны дæр æнæдызæрды- гæй нæ уырныдта, арфæйаг, фæрнæйдзаг фæндагыл сæ кæй æрвитынц, уый! Ахъуыды кодта æмæ хатдзæг скодта: нæ уырныдта! Хæрам хъуыддагмæ сæ разæнгард кодтсй! Æмæ йæ сæхæдæг дæр æмбæрстой! Æмæ æрдæгхъару фæцис уыцы хатдзæгæй — фыццаг хатт уæд фæцæф Уыцы хæсты, æмæ нал бæззыд ахæм зæрдæимæ хæстон лæгæн, фæлæ... Фæлæ ды, рæдийа дæ паддзахад—ма рæдийа, ды йæ афицер, йæ ныф- слæууæн афицер дæ æмæ хъуамæ уый зондыл, уый фæндыл лæууай æмæ уый номæй, уый хъомысæй æууæндын кæныс — домыс! дæуыл æууæндын (дæуыл — паддзахадыл!), дæ фæдыл цæуын (дæ фæдыл — паддзахады хъуыддаджы фæдыл) домыс дæ дæлбар æфсæддонтæй. Уымæй ма диссагдæр исты уа, исты ма уымæй æвирхъаудæр уа, йæ туг ныккалынмае кæй æрвитыс, уыцы æфсадæн рæстдзинад дæхæдæг дæр ма дзур æмæ йæ искæмæн дæр зæгъын ма уадз! (Æмæ ма йæ фырт дæр, суанг ма ацы æнахъом саби дæр схъиуы кæйдæр ныхæстæ фæзмгæйæ). Хуыцау бахизæд кæцыфæнды паддзахады дæр уымæй, æмæ йыл йæ хæстон лæг сæнæууæнк уа! Æмæ дын кæд цыфæнды зын у, ардыд хъæхъаг куыд.з афицер, уæддæр дæхи зæрдæ æфхæрыныл ма бацауæрд, æрмæст дæ дæлбар хæстонты æу- уæнкæй æнæхæцæнгарз ма фæкæн — уæд цæхгæр иннæрдæм куы афсæрой, уымæй дæр бæрæг нæй, фæлæ уал æппæты фыццаг зианæрцыд уыдзæн сæ саст ныфс, сæ лæмæгъ къух. Куы дыл æууæндой, уæд сæ се ’фсарм нæ хъыгдардзæн æндæр адæймаджы, æмдæр адæмы знаг г.©нын æмæ йæм топ- ’пы кæсæнæй, знагмæ æиæуынендзинадæй ифтыгъд тогшы кæсæнæй рæст- дзæвин кæсдзысты, фидер къухæй мæнгвæдæг æлхъиздзысты æмæ æцæг хæстон лæгтау туджы тæфæй æрра кæндзысты, нымайдзысть:, мæрдтæм кæй барвыстой, уыдокы æмæ — фылдæр чи ныццæгъда, уый — мæ богал! Уый, чи зоны æмæ —Советон Цæдисы Хъæбатыр! Цыппар хатты Хъæбатыр сын йæхи æнæбон къухтæй сæ домбай, цæхæрæйдзаг риутыл сызгъæрин стъа- лытæ... Афтæмæй та — хъуыдыйæн бардуаг нæй, æнæбафæрсгæйæ райгуыры, йæ кæнон кæны, иугæр удæгас у магъз, уæд хъуыды дæр куыд кæ гуыра йе ’рдзон фæткыл — æмæ æрмæст дæумæ нæ, бирæтæн райгуыры фаззои хъуыдытæ, æрмæст сæ цард сахуыр кодта æнæбафæрсгæйæ райгуыргæ хъуыдыты сæ тæккæ гуырдзыл хурх кæнын, науæд дæхи хурх... Р, æмæ аф- 86
тæмæй таг æмбал Хъæбатыр, ды сухы цагъд кæй ныккодтай, уыдон ахæм знæгтæ сты æмæ дæ дзæгъæлзад хъуыдыйæ, рынчындоны мæлæтимæ æдзæстхиз ныхасгæнгæйæ куы ахъуыды кæнай, уæд уыцы знæгтæ дæр сæхи сæ Райгуырæн бæстæйы, сæ Фыды Уæзæджы ныфслæууæн хъæбултæ хуыд- той — уадз, сойсæрст (махмæ йеддæмæ ахæм сой никæмæ ис!..| ныхæсты сайдæй, фæлæ — зæрдиагæй, сæ туджы алы стæпп-стæппæй дæр æмæ æцæг сæрыстыр уыдон вæййынц, æмбал Хъæбатыр, де ’мбæлццæтты дын сухы цагъд куы ныккæнынц, уæд сын сæ Райгуырæн Бæстæйы, сæ Фыды Уæзæ- джы цыфыддæр знæгтæ, æлдарæй æвзæрдæр хæддзу хæрзгæнджытæ сты— уый та, ды знаг кæй схуыдтай дæхицæн, уый та дæуæй афтæ хъуыды кæны йæ фæткыл райгуыргæ хъуыдыйæ — бадар-ма йæ азымы! Æмæ... Æмæ йæ фæдыл ныббырсты цæуæг æфсæддонтæм хъуамæ ахæм дзæ- гъæлзад, хæдæвзæрд, æнæфæрсгæйæ райгуыргæ хъуыдытæ хъуамæ ма фæ- зыной, хъуамæ бардзырды уæззау къæйы бынæй сæ сæр дæр ма радарой, науæд... Нæ хъусыс фыртмæ, афицерты дæр, дам, фæнадтой... Хæстæрхъуыдыгæнæджы мын куы нылгъитынц! Знæгты чи æрхъуыды кæны, иуы иннæмæн знаг чи кæны æмæ цы кæны, уый у, уый æппæттæри- гъæдты гуырæн дæр. Уый йеддæмæ æрдз адæймаджы хæстæн не сфæлды- ста, уый нæ, фæлæ ма йæ æгæр-мæгуыр хуымæтæг хылæн дæр нæ барæв- дзытæ кодта — нæ йын сыкъатæ радта, нæ уарт, нæ æндон бырынкъ, нæ æф- сæн дзæмбытæ, нæ фидар сæфтæджытæ. Адæймаджы адæймагимæ хæларæй цæрынæн сныв кодта, йæ зондыл ын æууæндыд, кæрæдзийæн сæ тас нæу, зæгъгæ, æнхъæлдта, æндæра сын сæ хæзнаты хæзна — сæ зондджын сæры магъз уæд та фидардæр ран бамбæхстаид, фидардæр къуыдыры йæ сæ- вæрдтаид, исты уартæмбæрзтæй. И, маэнæ æрдзы диссаджы бон! Дардæй уæздан худы Сæнайы хохы дыгоппон æвзист саргъ. Ныр та, æрдын куы æрбайвазай æмæ бынтон куы æркъæлæт уа, уыйау æртасыд, фæкъæдз Цæугæдон. Къæлæты хъæбысы — уыцы лæгъз быдыр- зæхх, æртæрдыгæй йæ алыварс былгæрæттæ — былгæрæтты къоххъæд. Зæр- дæфæлмæнгæнæн рæсугъд бынат,' лæджы цæст фæзыд вæййы, æфсис нал фæзоны æрдзы хæрзтæй æмæ йын дзы бафсис кæй нæй, уый кæй фæзоны рагацау, уыцы хъуыдыйæ зæрдæ рæхуыст баййафы. Фæлæ кæддæр ам... Уый йын рæхойгæ мысинаг у, ногæй та, кæс-ма, зæрдæйыл æртæфст уæды цæхгæр рыст, уæды сау хъыг та йыл амбæлд æмæ фæтар. — Ам кæддæр...— Хъæрæй сдзырдта æмæ фæхъус. Æрлæууыд. Мæнæ цы тынг ныххур лæгъз тъæпæн быдыр. Кæсы йæм æмæ уæды æнкъард хур бон фæлмбадтæй уыны. Фырт æм исты хабар базоныны æнхъæлæй разылд. Йæ хæдоны тæрттæй йæ цæсгом асæрфта. — Баба, ам кæддæр исты ’рцыд! Нал æй фæндыд йæ радзурын. Уæвгæ дзы ахæмæй дæр ницы уыд. Стыр лæппутæ цуаны цæуæгау æд топп ардæм цыдысты æмæ сæ семæ ра- уагътой. Уыцы сæрд ам харбызконд уыд. Уæдмæ йæ æртыдтой, фæлæ ма дзы къорийы йас æрдæгцæттæ харбызтæ ардтой. Уæд дын иу кæрдæгджын хæмпæл куы афæйлауид йæ къæхтæй фæйнæрдæм æмæ — далæ йæм сау æмдымбыл стыр харбыз йæ мидбылты бахудт! Цы ’хсызгон ын уыд, цы ’хсызгон! Йе ’мгар лыстæг фæсивæд йæ алыварс амбырд сты æмæ уыдон дæр’ дис кодтой, цыма харбызы хуымы харбыз ссарынæй диссагдæр ницы ис 87
зæххылг уыйау. Уалынджы уартæ рæбынæй, бæлæсты разæй гæрах фæцыдг топджын стыр лæппу халон — халон! æрæппæрста. Æмæ йæм — халон фе~ нынмæ, халон — стырындз сты, йæ харбыз дæр ма дзы ферох. Стыр лæппу- тæй дыууæйæ ам баззадысты. Æмæ... Йæ харбыз ын хæрынц, уый дæр ын хъыг куыд нæ уыд, загъта ма, æмæ сæхимæ дæр йæ мад — йæ фыдæн æппæлдзæн, харбыз куыд ссардта, уый— æмæ йын, кæй йын æй асастой сæ уæрагыл æмæ йын æй, сæ хæмхудтæ дзы грф тъысгæйæ, кæй хордтой, уый дæр ын хъыг куыд кæ уыд искуыдæр ма, фæлæ йьш йæ гыццыл уд сæ мæстæймарæн худт адзæнгæл ласта — срыст та уæды цæхгæр рыстæй ныр дæр йæ зæрдæ æмæ йæм уыцы хабар радзурын нал цыд. — Ам кæддæр харбыз конд уыд. Уæд-иу тынг хурджын сæрдтæ кодтаг æмæ нæ колхоз дæр харбыз сагъта. О, фæлæ...— Бакаст æм, æдзынæг æм бакаст.— Ды искуы дæхицæй кæстæры, дæхицæй лæмæгъдæры фæнадтай, бафхæрдтай искæй! — Æлгъитгæ куы кæна, мады куы ’лгъита, уæд... — Нæ, нæ! Ницы дæ хъыгдары, фæлæ цæмæйдæр дæ зæрдæхудты ба- цыд, нæ фæцыд дæ зæрдæмæ цæмæйдæр æмæ... Йе та дзы исты байс, хи- нæй йыл рацу, цыдæр хæффындзхорыл... И! Никуы кодтай уырсиуæг кæс- тæртыл, лыстæджытыл* Йæ сæр æруагъта. Æнхъæлдзæн, æвæццæгæн æмæ йæ кæйдæр мад йæ фыдыл сардыдта, зæгъгæ, æмæ ныр хъуыдытæ кæны, уæдæ чи уыдаид, кæй бафхæрдта хуыцауы дзæгъæлы æмæ дзы кæй мад-фыд ракодтой хъаст. Схæ- цыд йæ сæрыл, знæт æмæ тарст цæстытæй кæсы: — Никæй... Дæлæ... Æмæ уый... Тынг æлгъитаг у... Æмæ... Йæ мад дын рахъаст... Фыд æм æнæнхъæлæджы йæ къух дамбацайау — амонæн æнгуылдз ра- тынг кодта,— афтæмæй фæдардта æмæ «гæрах, дæнг-дæнг», зæгъгæ, нæма сфæрæэта, афтæ Фырты дзых хæлиуæй аззад, йе стыр цæстытæ (йæ мады цæстытæ!) æхсызгон фæирд сты, æвиппайды зæххыл атъæпæн, фесхъиудта, фæгæпп ласта, тæрхъусау дыууæрдæм рагæппбагæпгæнгæ ныббындз, æнæн- хъæлæджы йæхи хæрдмæ фехста, разырдæм уæлдæфы фæфæлдæхт, йæ къæхтыл алæууыд, хурмæ æхсгæ кастæй скаст æмæ, хур Фыды цæстытæм куыд цæва, уымæ хъавын æй куыд хъыгдара (бахъуыды йын кодта, джауыр, йæ ныхæстæ!), афтæ алæууыд æмæ йæ йæхæдæг æрбахста. — Ды мард дæ, баба! — хъæр кæны.— Ахау, ахау, мард дæ! — Хорз. Амбылдтай. Рацу, цом, æххæст суайæм Ауазæнмæ. Былгæрæтты бæлæстæ иу ран арвгом фесты æмæ фæзынд урс дурæн конд цыртдзæвæн — Ленин. Лæууы æмæ йæ рахиз къухæй Хурыскæсæнмæ амоны. Нæ лæууы — цæугæ-цæуыкы лæугæйæ баззад, йæ фæсдзæуæг дзыл- лæты Хурыскастмæ хоны: цы хорз-иу уыд, скъолайы-иу лæг алы рæсугъд æмæ бæрзонд ныхæстæй куы сбазырджынзæрдæ ис, уæд уый. Куыд хъал, куыд буц, куыд ныфсхаст уыдысты Сталинæй, куыд бирæ, æнæкæрон бирæ йæ уарзтой, ирон кæй уыд, уымæй куыд сæрыстыр уыдысты, йæ лæгдзи- нæдтыл ын куыд цин кодтой: ахæстонæй, Сыбырæй цал хатты ралыгъд! Ле- нины иузæрдион æмбал кæй уыд, Ленин тæккæ вазыгджындæр хъуыддæгтæ ууыл кæй æууæндыд, урсытимæ хæсты æппæты тæссагдæр ранмæ Сталины кæй æрвыста, æрмæстдæр ууыл кæй æууæндыд, уый тыххæй ма Ленины дæр тынгдæр æмæ фылдæр уарзтой. Хъазгæйæ дæр-иу кæрæдзийы куыд фар- 88'
*той: Сталины фылдæр уарзыс æви Ленины! Æмæ иууылдæр — Сталины. Хур дæр æнæ уый ном нæ фидыдта — æцæг æм-иу афтæ каст, æцæг! Хур дæр уымæн афтæ ирд у, æмæ йæ уый дæр зоны, хур дæр æй зоны, хурты Хур Сталин кæй у, уый. Хæсты фæстæ сæ хъæзтытæ... О, афтæ дæр-иу зары- дысты: Гиттыры-миттыры къабуска, Сталнн Гитлеры абырста, æмæ-иу цæсты- тыл ауад, ирон богал Сталин фашистаг {фашист, зæгъгæ, адæмы хатт хуыдта] Гитлеры хæрдмæ куыд систа, æрзылдта йæ æмæ йæ зæххыл ныццавта æмæ уый бауадзыг, иыттæбæкк. Ху-дæ-джы-тæ! Стæй... Стæй дын уаэд Хрущев... Фенад сын исг Сталиныл цъыф кæй калдта йæ уæлмæрдмæ, уый тыххæй. Фæлæ йьш дис дæр кодтой, куыд æм бауæндыд, зæгъгæ. Дис кодтой, Ста- лины цæмæйдæрты, истæмæйты азымы дарæн куыд ис, уымæ фаутæ хæс- <æн, уымæ рæдыдтæ агурæн, уымæй — Сталинæй! — фыдгæнæг уыд, зæгь- гæ, куыд ис зæгъæн? Ис. Уæд лæджы æнæбафæрсгæйæ чи райгуыры, уыцы хъуыды фыццаг хатт æр- гом йæ сæр сдардта æмæ йæ бауырныдта: газетты дæр, чингуыты дæр, ра- диойæ дæр вæййы мæнг, гæды, сайæн, фæлывд, æиæраст ныхæстæ. Рæст- дзинад ныгæнæг ныхæстæ суанг ахуыргæнджытæ дæр фæкæнынц, суанг ахуыргæнджытæ дæр! Рæстдзинадæй æппæты фыццаг сæхицæн туджджын- тау тæрсгæйæ. Рæстдзинадæй. Уый ахæм рæстдзинад уыд, ахæм, æмæ йæ ныййарджытæ дæр се ’хсæк сæ цоты сусæгæй дзырдтой. Стæй уæд... Стæй та уæд ногæй æндæр рæстдзинæдтæ дæр уыцы рæстдзинадау су- сæгæй дзуринаг фесты. Фæлæ уæддæр адæм аивтой: ныр алцыдæр сæхи ’хсæл уæндынц дзурын æмæ худынц, судзгæ зианы бон дæр ахудынæн исты æфсон куыд ссарынц, афтæ. — Баба! — Цы2 — Ныр, зæгъæм, Леиин райгас... — Уæд цы! — Æз уæртæ уымæй зæгъын, цыртæй... Ома Ленин ныр мæнæ ам нæ размæ куы рацæуид, зæгъæм, уæд... — Ды Ленины фылдæр уарзыс æви Сталины! — Ленины. Сталины æз зонгæ дæр куы нæ кæнын. — Уæдæ... (Ленинимæ та мын цыма хъулæй хъазыд) Уæдæ Гитлеры чи абырста! — дыууæйæ дæр лæууынц æмæ фаллаг, бæрзонд былы бын тъæ- пæны Ленины цыртдзæвæнмæ кæсынц. Уый хуры рухсмæ урс цæхæртæ ка- лы: уæвгæ, урс дурæй конд нæу, ног чъырæйцагъд у. — Гитлеры! — йæхи ныхæстыл рагацау бахудт.— Дæлæ Кодзырты Сæге. Цæйас стыр лæг у! Ныр ба?.æронд, фæлæ хæсты рæетæг хæрзаг домбай лæг уыд. Уый йæ абырста Гитлеры, зæгъгæ, фæдзурынц сæ сыхы лæппутæ. — Гъы, гъы, æмæ Ленин нæ размæ рацыд, зæгъгæ, уæд цы уаид! — Уæд!! Ахæм тынг æм ныккæсин, ахæм тынг, æмæ! Кæсин æмæ йæм кæсин. — Дзургæ йæм ницы скæнис! — Дзургæ! Дзургæйæ никуы фæуин мæ хъуыдытæ, тынг æм кæсин... Ахæм хорз цæстытæ йын ис, æмæ... — Цом. Ауазæныл куы бауайæм, уæд æм хæстæг, йæ тæккæ цурмæ ба- цæудзыстæм. 89
—" Исты дидинджытæ йын æртонон! — Дидинджытæ! Нæ хъæуыг дидинджытæ йæ нæ хъæуы... Ауазæны хæд уæле, доны фаллаг фарс, къала хæрисбæлæсты къох. Рог уддзæф сын сæ сыфтæр куы базмæлын кæны, уæд æвзистау ферттивы — сыфтæр уæле тарцъæх, бынæй фæлмæн æмæ урсбын, æвзистдзагъд. Нæугæрдæгджын лæгъз былгæрон. Бæрзонд къуыбыры бын лæууы сырх «Нивæ». Аууоны, бæлæсты иуварс æртæ лæппуйы. Сæ иу зæххыл куыддæр æнарæхст бады æд дзаумæттæ — йæ къæхтæ цыма йæхицæй не сты, уыйау уæгъдæппæрстæй хуыссынц. Иннæ дыууæ лæппуйы хинайæн хæлæфты ныд- дæлгом сты нæууыл. Хуры фæндаг фæкъæлæт, йæ рухс æрфæлмæн, фæуæзданбын. Дунду- не — æнцад-æнцой. Арв — мады хойау зæрдæхæлар. Уæрæх цъæх къуырфы иу\ къæмы мур нæй. Уалæ уæлбыл — хурфæлмæцыд хъæу, хуссары хур æм йæ цæст ныззыкг кæны, æмæ уый дæр куыд нæ фæлвых кæна. Нæ доны уынæр, нæ æндæр исты сым. Ныхъхъус зæххон æрдз, ныидзыг уæларвон бы- дыр. Æнæхъæн æнусы афтæ нылхъывдæуыд, йæ хæрæмттæ йын сылыйау фæлæмæрстæуыд, æмæ йæ хæрзад рухс ацы боны бацыд. Фæлæ... Фæлæ та уый циу, циу уыцы тас, цæмæн та асхъиудта йæ зæрдæйы ирд грвыл мастæрцыды сау рæхыс, лæппуты ауынгæйæ йæ Цæугæдонмæ хæстæгдæр бацæуын цæуыннæуал фæндыд, цавæр тас æм æрбагуылф кодта лæппуты ауынгæйæ! Куы фидауынц доны был, уæдæ ма сæрдыгон, уæдæ ма ахæм бон доны был сатæджы абадынæй хуыздæр цæмæ бабæлла адæймаг! Уæд уыдонæн нæ фæтчы ам бадын! Фæтчы. Фæлæ йæм йæ зæрдæ афтæ цæмæн сдзырдта, æмæ уыдон æрдзæн æцæгæлон сты! Йарæби, куы ницы сæ бахьыгдардзæн йæ фыртимæ, мæнæ фæзилдзысты æмæ дон-дон нарæг къахвæндагыл ацæудзысты Ауазæнмæ, æмæ сæ куы ницы бахъыгдардзы- сты — нæ уартæ уыцы дыууæ фыкæйы, нæ уыцы бадæджы,— уæд æм цæ- мæн афтæ сдзырдта къæрцхъус зæрдæ, дæ фыртимæ сын уæ уынд зыбы- ты ницæй тыххæй дæр фæхъыг уыдзæн, зæгъгæ! Циу! Уый циу! Уый цавæр æнæбайрайгæ сау рæхыс у — цæмæн та фæсаст — фесхъистæ, рухс арвæй рухс зæххы æхсæн цы кæрдæгцъæх рухс рудзынг ис, уымæй кæсгæйæ! Уæддæр цæуынц Цæугæдоны тæккæ былгæронмæ. Æрхызтысты лиса- педтæй, къухæй сæ тулынц æмæ цæуынц былгæронмæ, лæппутæм хæстæг- дæр быгъдæг былгæронмæ. — Баба, бафæрсон та дæ! — Тынг цæмæйдæр!— бахудт, бахудт хъæлдзæгæй æмæ йын фенцондæр. Уый дæр ныххудт, ныппыррыкк ласта, йæ сæт акалд æмæ къухæй тагъд- тагъд асæрфта йæ былтæ. Загъта: — О. Тынг... — Бзфæрс, бафæрс... (Мæ къона, зæгъгæ, йæм ма сдзур — ма у афтаэ дзурын ахуыр!) — Йæд... Уырдæм ма, куы сдзæбæх уай, уæд фæстæмæ ацæудзынæ! Фæстæмæ та дæ Уырдæм арвитдзысты! — йæ тарст, йæ уарзт баиу сты, сир- вæзтысты. Цы йын зæгъа! Куыд дзура йемæ! Æрыхъусæггагæй цытæ ауад йæ къу- стыл, уыдон мæнг хабæрттæ сты, зæгъгæ, йын цыбырæй загьта æмæ уый æгъгъæд у, æгъгъæд у уый, рæстдзинадмæ йæ зæрдæ цæмæй мауал æхсайа, уымæн фаг у — йе Стыр Егъау Бæстæ сæнæтæригъæд уыдзæн йæ уарзæгой 90
зæрдæйы* Æххæст адæймаджы дзуапп ын-раттын æмбæлы, хус ныхæстæ сой^ сæрст ныхæстæй ницæмæй тæхудиагдæр сты: — Барвæндæй. зæгъгæ, уæд — налг уæд нал ацæунн. Фæлæ мæ куы ’рви- той, æрвитгæ та мæ æнæмæнг кæндзысты, уæд та... Барвæндæй йæ уартæ... мæнæ ардæм куы нæ фæнды цæуын, ардæм куы нæ комы йæ зæрдæ цæуын, фæлæ уæддæр куы цæуынц, уæд... ЗæряæГгæн дæр ма йæхи зæрдæ уыдзæн æнæмæнг, стæй зонды дæр йæхи схойæг зонд, æндæр уæдæ адæймаг йæхи хæйрæгбадæн малтæ куы зонид, уæд йæ мид- бынатæй никуы фенкъуысид, бæмбæгшхтæй иу рэн стъæпæн уаид. Фæлæ фæсмойнагæй афтæ куы бакæны, æндæруьшты, æндæр фæндагыл мæ ацæ- уын хъуыдн, зæгъгæ, уæд кæм ис уыцы æпыд æкдæр фæндаг, иу адæймаг иннæ адæймагæй хуыцауып фæдзæхстæй хъахъзэд кæм цæуы, уый? Тæккæ былгæрон — тъæпæн æлыгбыл. Нæугæрдæг фæхус, фæдæрзæг. Иуварс, сакчьехы бæрц иуварс — дзыхъ... Уым, дзыхъы бын æмæ йæ фæр- стыл кæрдæг цардхуыз цъæх у, стæй дæрзæг дæр афтæ дæрзæг нæма фæ- цис. Дзыхъмæ куыд каст — дзыхъы мит байдзаг вæййы, уарыны дæттæ дæр уырдæм нызгъсрынц æмæ зæхх уым, дзыхъы сойæфсæстдæр у, кæрдæг дæр уый тыххæй цардхуыз у, зæгъгæ, куыд зылд йæ хъуыды дæрдтыл, афтæ... Афтæ... Афтæ..., Æмæ... ...Сæ машинæ,— сырх «Нивæ»,— фмсыкмæ баурæдтой: æнæуи дæр дзы икнæ хæдтулгæтæй ссæуæн нал уыд,— æмæ йæ пух пæлæхсар сусхъæд бæ- ласы бын аууоны ныууагътой æмæ банхъæлмæ кастысты ног мæрддзыгой лæгтæм. Уæрæх уынг — йе ’мдзаг дзыллæтæй. Адæм къордтæ-къордтæй зиан- джынты сыгæгты дуæрттсэм аууон рæттæм еæхи байстой, кыхэс нганынц хъуыддаг æмæ тыхстхуызæй, фæлæ хатгай искæй хъæрæй худт дæр рсйхъуы- сы, бынтон хъæлдзæг хъæрæй худын нæ вæййы, уый уакцон нæу, æнсэфенд уаид уый, фæлæ æнæбары сирвæзгæ хъæрæй худт. Зканджын кæртæй куы хъæрдæрæй, куы мынæгдæрæй сылгоммæгты кæуын хъуысы, ксг исчи куы бацæуы, ксджы ма хæдзарæн адджын хæстæг исчи, уæд арв бамæгуырхуыз вæййы зæрдæскъуыйæн æрдиагæй, дуне фестъæлфы йæ арæнты бындза- рæй æмæ фæкъæмдзæстыг вæййы йæ ирд бонæй, йæ бæрæгбоны скокдæй. Тæфæрфæс куы ракодтой æнæзонгæ æрбацæуджытимæ иумæ, уæд уы- дон дæр, иуварс балæууыдысты, тамако æмдымд скодтой. Стæй Гæрæм йæ дыууæ ’мбалмæ фæрсæгау бакаст, уыциу загьдæй ницы загъта, стæй бакод- та бустæхуызы: — Йе ’фсымæрмæ йын уæддæр равдисæм нæхи... Тæфæрфæс ын ракодтой æмæ та æнæдзургæйæ иуварс балæууыммæ хьавыдысты, фæлæ æфсымæр Гæрæммæ йæ къухтæ æрбайвæзта, йæхи нык- каэуынæввонг схъулæттæ кодта, æмæ йæм уæд Гæрæм дæр æнарæхст фæ- цудгæйæ басанчъех кодта, йæ хъæдын къæхты хъинц дæр ма уыцы мæлпæг тæригъæддагæй фæцыд, æмæ кæрæдзиуыл сæхи ныттыхтой, сæ судзаг цæс- сыгтæ фемæхстысты. Æфсымæр ын кæугæ-кæуыны æнæдзургæйæ йæ фæ- сонтæ тъæпæн къухæй хоста маройгæнгæ, æмæ йæ ’мбæрста Гæрæм, йæхи- мидæг æфсымæр цы хъарæджы ныхæстæ дзуры æмæ йæ цæссыг цæмæй 91
цырен кæны, уый: ома ды дæр Уым куы уыдтæ, мæгуыр дæ бон, ды дæр Уым куы фæдæ дæ домбай уæнгтæ хъуаг, æмæ мæ кæстæр æфсымæр дæр Уым куы бабын, бынтыбыны бын, уæд уæ Уырдæм чи арвыста, уымæн ныр цы загьдæуа, цы йын бачындæуа, зæгъын дæр ын нæ бон куы ницы у æмæ исты бакæнын дæр... Куыдвæллад æфсымæр æнцондæрæй фæсабыр, ныффæсус, нал уыд йæ бон æрдиагæй кæуын дæр æмæ хæкъуырццæй кæуын дæр, фæлæ Гæрæм йæ цæссыг нал æмæ нал урæдта, мауал кæуон, зæгъгæ, та-иу бæргæ загъта йæхицæн, загъд дæр ма-иу скодта хинымæры йæхимæ, фæлæ уæддæр нæй— схъихъ та-ну кодта æмæ та ног кæугæ, тыхурæдæй кæугæ. Ноджы ма кæр- тæй цыды’сты цавæрдæр æрыгон сылгоймаджы æнарæхст, фæлæ зæрдæйы бынæй гуырæг хъарджытæ, йæ судзаг додойæ йæхи риссæгтæ агайдта, æвæццæгæн, йæхи зианы риссæгтæ, æмæ уæд йæ цæстытæ сæрфгæ сдзырд- та Гæрæм йæ дыууæ ’мбалмæ: — Цомут иуварс, ардыгæй цомут... — Сымах уал цæут, æз не ’гъдау скæнон,— загъта йæ иу æмбал. Куыд фæцæйцыдысты лæгты ’хсæнты, афтæ йын чидæр фæхатыд йæ фадыварцы ахаст, хъæрæй сдзырдта: — Кæсут-ма, кæсут ацы лæппумæ: кьæхтæ йын нæй. Æфсымæримæ кæуынæй кæрæдзи куыд аргæвстой. Æвæццæгæн ын Уым ахаудтой... — Æмæ йын кæд поезды бынты быргæйæ фæсте аззадысты, уæд та! — Не сразы имнæ, стæй бахудæгау кодта.— Дзæбæх дзы ныддымдта, фæкъуы- фадыварцы ахаст, хъæрæй загъта: — Кæмæн дзы йæ сæр фесæфт, чи дзы уæнгхъуагæй... Уæд цæй охыл!— Нæ йын бахудт фыццаг дзурæг йæ ныхæстыл. Фæсвæд ран та балæууыдысты æртæйæ. Гæрæмæн йæ цæстытæ фæхус сты, æрмæст дудæгау кодтой, йæ риу сафтид æмæ йын æхсызгон уыд, уыцы афтид, фæлæ йæм хардзау дæр каст, æрдæбон уæдæ цæуыл мæхи мардтон, зæгъгæ—искуыдæр ма уыйау, афтæ зæрдиагæй истæуыл цæссыгзгъалæн ис, уый йæ уырнгæ дæр нал кодта æмæ уыцы хъуыдыйыл дисы бафтыд æмæ гомцæстæй йæ алыеарс акаст, ау, афтæ уа, ацы дунейыл æцæгдæр кæуина- гæй ницы ис... Хур абухгæ ивылдæй æнхъæвзы дзæбæх сæрдыгон дунейыл — хуыцауы цæст уарзонæй кæсы йе сфæлдыст дунемæ, кæсы йæм æмæ дзы æфсис нæ зоны. Зиан та... Зиан дæр уым, уæлейы рагон фæткыл нымад у, хъыг кæнын ыл æвидауц у, ницы азар хæссы æрдз’ы сконд йæхимæ — цæрынæн сын у адæмæн æмæ дзы зонæнт цæрын, арæхсæнт дзы, сæ хъуыддæгтæ сæхк арæзт сты, комкоммæ сæхи æнæсæрфат уаг дарæнт азымы, хуыцауыл сæ ма æххуырсæнт сæ бæллæхæрцыдтытæ... Фæиппæрд сты кæрæдзийæ адæм æмæ дуне, æндæр уæдæ ай куыд у: адæм—маройаг, мæтаг, судзаггаг зианджын^ æрдз — æдыхст, æнæстъæлфгæ. Бæлæстæ сагъдауæй лæууынц. Дæ хъыггæ- нæг зæрдæйæ сæм куы бакæсай æмæ дæ хъыг уыдонмæ дæр куы хъарид, зæгъгæ, куы батæхуды кæнай — лæгæн ахæм сахат адæмы узæлд, адæм ык йæ зианæй кæрдих кæй айсынц сæхи зæрдæтæм, уый фаг нал вæййы,— æмæ йын йæ хъыгыл æрдз дæр куы рахъыг кæнид исчердыгæй, уымæ куы бабæл- лы домд лæг, уæд æм йæ рыст зæрдæйæ афтæ кæсы, æмæ цыма бæлæстæ дæр уый тæригьæдæй бандзыг сты, фезмæлыны хъару нал ис се уæнгты, цавддуртау фесты... Парахат гомдзæстæй кæсæг хур дæр ногæй ницы уыны: хъулон уарзтæй цы зæххы уарзы, уый дæлæ — зæрдæрæхуыст ын нæ фæ- 92
цис йæ сау зианæй, йæ зæрин рухс æнæвгьау тауы. Фæлæ та уый рухс дæр* лæджы домд зæрдæмæ æфхæрд æмæ æнкъард рухсæй зыны, зæрдæ кæмæй суынгæг вæййы, ахæм рæвдыдау æй хаты æмæ æрдзы сконды, дунейы фæтк- æвæрды адæймаг йæхимæ бынтон æнæбон, зыбыты иунæг æркæсы, цы зиан, цы фыд ыл æрцыд, йæ хæдзарыл цы уæз æрæнцад, уымæй йын фæив- гъуыйыкы, фервæзыны амал ничердыгæй уыди, зæгъгæ, ууыл йæхицæн хуы- цауы æлгъыстау басæтты. Æмæ йæм йæ бонджын сахат, йæ сæлхæр амонды дуг, йе ’нæдомд хъаруйы абухæн заман цы налат зонд, цы цъæх цъаммар, æгæрон æмæ æгæнон фæндтæ вæййы, цардæн дæр æмæ æрдзы скондæн дæр æхсарæй æнæбасæттон нывгæндтæ, уыдоны хæрамдзинад ын ныр йе ’фсарм фæагайы, æрхуды йæхиуыл æмæ кувинаг, табугæникаг зæды зонд ба- цæуы йæ сæры, йæ туг æрбады, æрфæлмæн вæййы. Фæлæ та... Стæй та йе ’фхæрæджы, маст дзы чи бауагъта, уыцы азарæвæрæджы агурын байдайы йæ удкатайы æмæ йæ ных адæмы царды бардуæгтыл сцæ- вы — иогæй рафыцы йæ туг, ногæй сналат, сцъаммар вæййы йæ зæрдæйы ахаст: ау, уыдонмæ лæджы уды тыхст, уыдонмæ уды хъизæмар, лæджы æф- сарм нымады цæуыннæ у, уыдон æрдзы сконды, дунейы фарны хæрамы цæ- мæн цæуынц, цæмæн ссæндынц лæгæн йе ’рдзон лæвар рæсугъд бартæ, æх- сар æмæ йæ тыхæй се ’нæсрфат уынаффæтæ æмæ фæндтæн коммæгæс, ма- дзурайæ коммæгæс, къуыдипп дæлбариуæг цæмæн кæнынц, цæмæн! Цы ныфсæй, цы! Цы сты, чи сты хуыцауы раз? Маст ын йæ хурхы уадындзтæ æлхъывта, йæ риу ын арæмудзынæввонг атыппыр кодта, æмæ Гæрæм фырадæргæй цы акæна, цæмæй æрсабыртæ кæна йæхи, уымæ нал арæхст, фæхуыдугмæ, фæсурмæ йæ бирæ цыма нал хъуыд, афтæ фæхатыдта йæхи æмæ уæд баризæгау кодта, ризгæ къухтæ* тамако систа, сдымдта, æмæ йын хъылмайы мастад скодта, аппæрста йæ — æмæ йе ’нæбонæй æрлæмæгъ сты йе уæнгтæ, сафтид фырдзагæй йæ риу æмæ йын фенцондæр — æбар кæй у, ууыл басаст йæхицæн, æмæ йын къæй- дур уæз нал кодта. Зианджынты бакомкоммæ хæдзары сæрыл бæлæттæ рæнхъ-рæнхъæй ра- бадтысты, сæ бырынчъытæй сæ пакъуыты цыдæртæ ацагурынц, сæ сæртæ фæзулаив кæнынц æмæ зулаивæй бынмæ адæммæ æркæсынц — цымыдис- хуызы, уыйбæрц дзыллæтæй адæм цы бабал сты, сæ иутæ цæуыл афтæ богъ-богъ кæнынц, зæгъгæ. Нæ сæм хъары, нæ сæ æндавы адæмы хъыг — сæхи царды сагъæстæ æгæр сæрриссæн дæр ма сты, арв уыдоныл дæр æр- хауын зоны æмæ бакъуындæджытæ æмæ бауынгæджытæ дæр: цæугæ цард уа, тæхгæ цард уа7 алкæм дæр ис цины сахат æмæ хъыгдард уды дуг. Уартæ уыцы кæрчытæн дæр сæхи арæнбæрæг дуне ис, сæхи хъысмæт- бæрджытæ æмæ хъысмæтæлгъыстæгтæ. Телæй хызбыд гæрæны цур пысы- райы æмæ лебæдайы пыхсы æдцъиу карк йæ дзæмбытæй æнæвдæлонхуы- зæй зæзгх змæнты, схъуыртт-хъуыртт иæкы, æмæ уæд йæ лæппынтæ дæр æзфæраздæрснæй базгъорынц, цыдæртæ æрцæвгæрцæв байдайынц — æмæ дунейы сконды фидауынц, дунейы цард æнусон фидар фæткджын кæнынц се ’нæзæрдæхудт хуымæтæг цардамалæй, уæзбын хъуыдытæ, æмæцоппай зæрдæны уаг æфтауынц лæгыл: иугæр фыдбылызджын цардæй цæрынц адæм, уæд дзы æнæ зиан æрцæугæ дæр нæй. Уый ма уалæ бæлæттæ, уый ма уартæ уыцы лæппын карчы цъиутæ дæр куы ’мбарыиц, уæд, ау, ды дæхи кæдæм цæссыг фестын кодтай, зондæй хуыцауæмсæр лæг, и? И? 93
О, фæлæ... О, фæлæ зиан зианæй хицæн кæиы, хицæн, кæд иуы зиан дæр цин нæу, уæддæр аннæйы зиан ахæм рауайы, ахæм, æмæ сау хъæды бæлæстæ йæ тæригъæдæй галау фæуасынц. Æмæ уæд уыцы тæригьæд, уыцы дунесидзæр- гæнæг тæригъæд та кæмæн фидинаг у мæрдты дæр æмæ, гæнæн æмæ ама- ^æй, уæлæуыл дæр! Кæмæн! Нæ сахъ Маршæлæн! Ма та сног уа мæ маст, ма та сабухой мæ дудгæгæ, зæгъгæ, йе ’мбæлт- тæм йæхиирхæфсæгау бакаст. Уыдон зæрдиагæй сæ фарсмæ цæлхдымбы- лæй лæууæг лæгты ныхæстæм хъусынц æмæ схъæлмидбылхудтæй худынц. Уый дæр уæд ныхæстæм йæ хъус æрдардта, æрдæбонсарæй йæм йæхи мид- хъуырдухæнæй суанг ма сылгоймæгты кæуын дæр нал хъуыст, нал æм хъард- та ,уæд ма лæгты быцæуныхас куыд хатыдаид... — Чи нæм æрбарвыста æххуысмæ! Дзæгъæл дзæнгæда! Нæ сайдахуыр хъусты нын цыфæнды гæды ныхæстæ куы кæной, уæддæр сыл баууæнддзы- стæм æмæ... — Уæддæр адæмæй рæстдзинад нæ басусæг вæййы. Фаллæгтæ йæ уæддæр зæгъдзысты. Десант сыл æркалдтам нæ тæккæдæр иблистæй æмæ Аминæн топп йæ тæккæ ныхыл ныххуырстой, уыцы Бабрачы та йын йæ тæк- кæ бынаты æрсагътам, гъа, мæнæ дын паддзахад æмæ нæм тæккæ ацы са- хатыл æххуысмæ фæсид, зæгъгæ! — Душмантæ сты, цы сты, уый æз нæ зонын, фæлæ чифæнды дæр уæнт, фæлæ — сæ райгуырæн зæхх у, сæ фыдæлты уæзæг æмæ йæ хъахъæ- мынц мах æрцæуæг хæрзгæнджытæй. Лæгæн йæ сыхаг бинонтæ куы нæ фи- дэуой, уæд сæм... — Мах куы нæ бацыдаиккам, уæд та амырыкæгтæ балæгæрстаиккой. — Æмæ уыцы хуызæнæй Иранмæ цæуылнæ лæгæрдынц? — Махьш дзы далæ нæ хъæуккаг Бадиты Интеры хæс ис! — Æмæ та уый дæр раст лæгæн фидинаг фæцис, и! Иу хицауы фырт дæр ацыд уыцы хæс æххæст кæнынмæ, йæ тугæй фидыимæ! Куыннæ стæй! — Мæнæ та зизнмæ æрцыдысты бæрзонд ныхæстæй дззэкгæда цæгъ- дынмæ дыууæ райкомы æмæ райæххæсткомæй. — Ингæны уæлхъус сæ кады гæрæхтæ куыд вæййынц хус гилдзытæй, сæ ныхз?г.;сэ еч^эр гфтса къæр-къæр гс/лсз гъæр-п1.æр. — Мæгуыр лæг кæддæриддæр сæнæртты фæстейæ хæцæг. Кæддæрид- дæр исты хæс тугæй фидынмæ уый хал схауы. — Сталин-ма Яковы дæр... — Кыууадз-ма мæ де Сталинæй дæр! Ахæм бодзты æвджид бакæн ахæм паддзахад! Цæмæй ма зондджын уыд! — л’ый’хзэст умд, нæхи ссррзæнтау хсзст, фæлæ нын ай та циу, ай — мæ фæсивæд цæй номыл цагъды кæнынц! — Не ’фсымæрты ког царды сæрвæлтау! — Кæннод зæгъон! Махонтæ, дам, сæ туг ныккалынц, ссæрибар кæнынц зæххытæ, хъæу уа, горæт уа æмæ сæхионтæн фæзæгъынц, гъа, ныр сæ уæ- хæдæг хъахъæнут, зæгъгæ. Æмæ цы! Куыддæр душмантæ фгезынынц, афтæ адон, æкæ иу гæрахæй, лидзæг фæвæййынц. Уæдæ зæхх кæмæн раттынц, кусут <&й, г им æй кæнут, уæхицæн ргы хор таут, гæгъгæ, уыдоя та йæ ком- гæ нæ кæнынц: мах, дам, нæу, уый, дам, Аллах йæ хицауæн радта æмæ фэе- стæмæ куы ’рбацæуа, уæд нын нæ рæгътæй гæрзытæ уадздзæн... — Нæ, уыдонæн дæр Сталины хуызæн лæг хъæуы, уый сæ тагъд æрцы- -94
быртæ кæнид, уый сын бацамонид, Аллах циу æмæ бæллæх циу, уый. — Иубон нын телевизорæй уыцы Англисы министр хорз фæцис: окку- панттæй, дам, бацыдыстут æмæ ныр фæстæмæ цы хуыздæр цæсгомимæ раз- дæхат, уый нал зонут. — Махонтæй тæрсгæйæ, дам, авд милуан адæймаджы фæлыгъдысты сæ бæстæйæ фæсарæнтæм. — Уыцы авд милуаны, æвæццæгæн, мах се ’фсымæртæ кæй стæм, уый нæ бамоæрстой. — О, мах милуантæ цæгъдын ахуыр стæм. Æмæ ма иуæй хорз у ацы æфсымæрты сæрвæлтау хæст — нæ мæрдтæ æфснайыны бон ма нæ ис... Гæрæм йе ’мбæлттæм бакаст. Разыйæ хъусынц лæгты ныхæстæм, мæс- тæлгъæдæй худынц сæ мидбылты. Цæуыннæ худой, уыдон æнæзæндтæй не сты, сойсæрст ныхæсты сайд æдылытæй — дзæгъæл интернацион хæстæ фи- динаг сæм нæй;.. Мидæгæй та, кæртæй та ахæм æрдиаг райхъуыст, ахæм зæрдæрæдувæг кæуын, æмæ диссагау уыд, уыцы куыдæй, уыцы дзынæзтæй уæд та куыд нæ фендæрхуызон вæййы дуне, куыд нæ фæтар вæййы йæ авд къуырфыты онг арв, йæ цæссыджы хэй куыд нæ æрыгшары цæргшаг гуырды саусыгъд мар- дыл. Фæсабыр æвирхъау æрдиаг, æмæ хъарæггæнæг усы ныхæстæ райхъуы- стыеты: — Акæут ыл, акæут, дудгæ фæбадон, уый кæуинаг куы у, кæуинаг, судз- гæ фæбадон, дудгæ-судзгæ, уымæн йæ худгæ хур къæсæррæбын тæдзынæг- цыхцырæгмæ кæугæ-лæугæ куы баззад, аку йыл, мæгуыр мад, аку, дæ ад- джын хъæбулыл дæхи хуызæн ничи фæрисдзæн, дæуæн дæ зæрдæйы судзаг ставд цæссыгæй дæр куы нæ ссæудзæн, мæ иунæг хо, цы бон дыл акодта, цы уæззауæй дыл æрæнцад дæ арвы хай, дудгæ фæбадон, йæ кафæн уæнг- тæ дын уæнджы сæрæй куы фæхаудтой, арвæй де стъалыйы хай куы рахауд, зæххыл дæ кæрдæджы хал куы бахус, уæуу, мæ бон фыдбон куыд бацис, дерд бæстæй ласгæ-хæсгæ мард знаджы къæсæрæй баргъæвой, радæй рад- мæ знаджы ахсджиæгтæ афтæ фæмæлой! Уститæ-иу хьарæггæнæджы ныхеестæм æмхъæлæсæй ныкхуыдтой, ба- уагътой та-иу æй ног судзаг ныхæсты æхсидæвтæ сæппарын æмæ та-иу но- джы зæрдæтъæпхаугæдæр ныдздзынæзтой. Лæгтæ дæр фæхъус сты, сæ иу ма сдзырдта хъæрзæгау: — Куыд быннозæй фæйлауы... Уый йæ мады хо у... Гæрæмæн та афтæ суынгæг йæ зæрдæ, æмæ йæм зæрдиагæй кæуын æрцыд. Тыххæйты сфæрæзта: — Цом, нал лæууæм... Уыцы хъарджытæм... — Æххæст æй ахæссой! — Æз кал лæууын! Загъта æмæ йæхимæ дæр æнаив фæкаст ацæуын, йе ’мгар, Уым чи фæ- маРД/ уый йæм цыма фæхæрам уыдзæн, бынтон хъыгзæрдæйæ ацæудзæн мæрдтæм, худинаджы мардæй цыма ацæудзæн уæд, ахæм хъуыды йæм æр- бафтыд æмæ, иуварс цæуынхъус куыд асанчъех кодта, афтæ фæлæууыд, æмæ йæ къах фæстæмæ зæххыл хафгæ æрбайста, къæмдзæстыгхуызæй раст æрлæууыд йæ бынаты æмæ та фæкъуырма, нал та йæм хъуыст сыл- гоймæггы дзыназын, фæткыл æмбæлгæ хъуыддагау та ссис зчзм — уартæ та лæгтæ дæр къордтæ-къордтæй сæхиирхæфсæн ныхасы бацыдысты, уымæю æмæ ацы зæххыл ныроиг арвæй ахæм дур нæл\а æрхаудта, æмæ зæхх кæй №
«æ баурæдта, адæм кæмæн нæ бафæрæзтой — сæ зæххон хуыцау Сталины зианæн дæр ма, æкхъæл куыд кæ уыдысты, афтæ бабыхстой, хур дæр сыя фыццагау кастг арв дæр, кæд фæцудыдта, уæддæр йæ бынаты баззадг стæй сыл нырæй фæстæмæ дæр фыдбылызтæ цæудзæн æмæ зиантæ дæр æмæ сæм рагацау цæттæ стыг ома цæттæ сты уыдонæн быхсын æмæ уыдон бау- ромьшмæ дæр. Æмæ йæм уымæн зынынц адæм ссæстæй, рагацау саст æмæ дæлбарæй, къухылтухгæ коммæгæсæй — саударæн æмбырды (цы æнад дзырдтæ сты уыцы «саударæн митинг» дæр æмæ «саударæн æмбырд» дæр— ■' эдæм хъуыды кæнынæн нал сты, уый йеддæмæ æндæр мацы сарæхс), æмæ та саударæн æмбырды цъæлхъæр ныхæстæм дæр уæзданæй хъусдзысты, æрмæст сæм уыцы ныфс разындзæн, æмæ — сусу-бусуйæ худын, сæхимидæг хъуыр-хъуыр кæнын... Ног æрбацæуджыты æрдиаг ын йæ хъуыдыты хал аскъуыдта. Лæгтæ æдзæссыгæй кæй куыдтой, уый та йæм уæлдай æнаивдæр фæкаст æрдæбо- ны хъарджыты фæстæ. Дæ тыхлæмæрст богъ-богъ дзæгъæл хъæрау кæй уы- дзæн, ууыл ма хъуыды кæн,— зæрдæйæ æцæг чи фæрыст, чи риссы, йæ цæссыг чи нал уромы, уымæй дæм худинаг ма кæсæд ,марды уæлхъус дæр ма цæстмæмитæ кæн — ау, ахæм гæдывад сты ирон адæм, æзи сæ се ’гъдæуттæ дæр æцæг нал хъæуынц, æмæ ма сæ искæй цæстмæ æххæст кæ- нынц, цалх ма йæхигъдауæй къуыбырæй куы тула, уыйау — йæ уæрдон та кæмдæр уæлбылыл баззад; æви сæм (æви нæм!) искæй маст æппын нал хъары, суанг ма сæм ахæм судзгæ зиан дæр æнæныббаргæ хæрэймаг нал кæсы, уый дæр сын кæйдæр — æнæамалджын ныййарджыты, æвадат мад æмæ фыды æгуыдзæгдзинадыл дзурæг у, æндæр дын уыдон сæхæдæг сæ хъæбулы Уырдæм уадзынц. Уым уыдоны ницы хъуыддаг исг æмæ уыдон дæр æмæ не ’ппæт æфсады дæр Уым кæй ницы хъуыддаг ис, хицæуттæй дæр уый чи ’мбары, иу ахæмы ссар — агурын дæр æй цæмæн хъæуы: афæр- стытæ кæн æмæ дын æм уайтагъддæр фæндæгтæ бацамондзысты (мæнæ, зæгъæм, йæ дыууæ ’мбалы фыдты бафæрс), æмæ, кæд мад-фыд стут, кæд уын уæ хъæбул æцæг зынаргъ æмæ адджын у, уæд уын уыцы хицау уæ тыхст цæмæй сараза, уый тыххæй йын... Цы йыл дзурæм дардыл, цы — цард циу, уый кæмд зомæм, фæссæды фæндæгтæ абокы æрхъуыдыгонд сты! О, фæлæ йæхиуыл куы ахъуыды кæны, йæхи мæлæтыл, йæхи зианы бо- ныл, уæд æй æрфæнды, æмæ йæ мæлæтимæ дунейы исты куы аивид, дуне куы басидзæр уаид, цы стыр бæллæх ыл сæмбæлд, уымæй йæ чемæй куы фæхауид æмæ адæм дæр ууьш кæугæйæ цæссыглæдæрст куы фæу:жкой æмæ цæссыгудæст куы бауиккой — худын сæ бок куыд нæуал уа, комдзаг сæ хъæлæсы куыд нæ цæуа (цæфæй ма æфсæддон рынчындоны куы хуыс- сыд æмæ йæм рудзыягæч хур бэььэ рухс хæпофг^' куъя квылд мндæмгз. уæд- дæр æй афтæ фæндыд æмæ æдде дуне æнкъард куы уаид, ай рынчын кæй у, уый тыххæй, йæхицæи дзы дуне фæхъæуынæй куы тæрсид, фæетеа дын уыцы сахат цæф ирон лæппутаэй ку чидсер вфти, мах, дам, æгæггимæ дæр нал стæм æмæ, дам, мæрдтæ дæр уæнгцухы сæхимæ нæ исынц — мæлæты хъыг ын уыд уый, мæлæты хъыг: уæдмæ йын йæ рахиз къах дæр та алыг кодтой æмæ ма цы уа уымæй уæнгцухдæр...) Стæй ма афтæ дæр хатгай ахъуыды кæны, зæгъгæ, æмæ-иу лæг йæхæ- дæг дæр йæхм зианы бон хъьаггæнæг адæмы æхсæн куы уаид—йæхм зиа. ныл куы дзурэд? глы кæйттæ куы кæннд, нæ мард зæрднагæй хъыг кæмæн у, уыдонимæ-иу, цардыл æууæнк кæй нæй, уый тыххæй-иу куы бахъынцъым 36
кæнид, йæ фæстæ цæргæйæ чи баззайдзæн, уыдон куы фæдзæхсид, кæлар æмæ уарзонæй цæрыны ныстуантæ сын куы кæнид æмæ афтæмæй æцæг- дæр царды хæрæмттыл куы уæлахиз кæниккой, уæд бæргæ, бæргæ... Фæлæ уый никæд уыдзæн. Æмæ уый кæй никæд уыдзæн, уый хуыцауы ныффысты кæй нæй, кæд уымæн кæнынц бирæ скæсæйнаг бæстæты лæгæн йæхи удæ- тясæй ум«*7 дæр! Уадз, æмæ йын адæм цы хæстæ фидикаг сты, уыдон йæхи раз бафидой... Цардыкæндтæ — мардыкæндтæ! Æмæ йын абон йæхи куы ’фснаиккой, уæд та! Уæддæр мæнæ афтæ устытæ хъарджытæ кæниккой, лæгтæ æдзæссыг богъбогъгæнгæ цæуиккой кæртмæ, адæм æдде къордтæ-къордтæй лæууиккой æмæ... æмæ... Æмæ дзы бынтон дзæгъæлы, худинаджы мардæй фæмард, зæгъгæ, дзуриккой! Кæм- Дæр кæйдæр зæххыл йæ тæккæ цардбаргæ бонты ссардта йæ мæлæт... зна- гау, æрцæугæ знагау, йæ райгуырæн зæхх дзы чи хъахъæдта, уый æдæрсгæ æмæ æнæтæригъæдджын къухæй. Æмæ йæ дыууæ ’мбалы дæр сæхицæй къæмдзæстыг нæ уаиккой, нæ —уыдоны аххос ын нæ уыд, нæ йын дзырд- той, уæд ын уыдон цавæр æфсæрмытæ уыдысты, иннæтæ, дам, кæм фæра- зыкц, æфсæддон бардзырд кæм æгкæст кæныиц, уым æз... дæр. Æцæгæй дæр сын афтæ дзырдта, уыцы ныхæстæ сын загъта, нæхи фæ- тылиф кæнæм, зæгъгæ, йын йæ хъусы куы бацагътой, уæд — бæстæйы ми- дæгæй, дам, чи æххæст кæны йе ’фсæддон хæс, уыдонæн дæр уыцы Кон- ституцийы æрæвæргæ хæс нæу исты, уыдон дæр, дам, ахæм цытджын бар- дзырдæн дæлбариуæг æмæ уисæнгæнæг не сты... Æмæ афтæ дарддæр, æмæ афтæ фылдæр хирастгæнæнтæ... Фæлæ абон... Фæлæ абон адонау, мæнæ йæ дыууæ ’мбалау, йæхи куы рæстытæ кæ- нидт йæгиуыл къæм абадын куынæ уадзид, йæхимæ исты тæригъæд, исты къæмдзæстыджы уайдзæфтæ æмгæрон куы нæ уадзид æмæ уæддæр уыдо- нау, дæ зылын, тæригъæдджын кæй дæ, уый æмбаргæйæ, былысчъилæй, схъæлæй йæ мидбылты куы худид, уæд æлгъаг нæ уаид, æлгъаг! Уаид. Æп- пæты фыццаг — йæхицæн: хорз улæфтæй нæ улæфид, хорз худтæй нæ ху- дид, сыгъдæг дзыхæй нæ дзурид, сыгъдæг цæсгомæй дзы цæссыг дæр нæ рахъардтаид — уый бар ын нæ дæттид йе ’фсарм, раст сыгъдæг цæссыгæй кæуьшы бар дæр. Адон Уырдæм кæм нæ ацъадысш, Уырдыгæй сæзеи кæм фæфæсвæд-фæтылиф кодтой, уым нæхи бæстæйы сæрвæлтау хæстæй дæр... Фæлæ — мæгъа, сæ тæригъæд æй нæ хъæуы. Фæлæ йæ уæддæр нæ уырны, уæд дæр сæхи нæ бафснаиккой, уый. Адонæн нæ æддагон знаг ис, нæ ми- дæггаг — адоны куыддæриддæр фæнды цардæй хынджылæг кæнын, афтæ сæ чи нæ уадзы, уый-дын се знаг, ууыл дын нæ бацауæрддзысты. Стæй æфсар- мы номæй семæ чи дзура, ууыл дæр. Уæдæ йе ’фсармæй æхсарджын чи уа, ном æмæ кад чи скæна йæ хорз миннудксытæй йæхчцæн адæмы æхсæн — уый дæр нæ ахады сæ цæсты. Фæлæ æфсармджын адæмыл цæрынæй-хæрынмæ цас бæллæхтæ цæуы, цас! Æнæфсæрмтты азарæй — маршæлтæ уой уыдон æви ефрейтортæ! Йе— генералиссимустæ! Ефрейтортæ, зæгъгæ, уæд йæ хъуыдыйы фæныхст Гитлер—уый уыд фæ- тæг-ефрейтор, уый дæр йæ фырнымдæй æфсæддон уæлдæр цин нæ райста, нæ бауагъта, æвæццæгæн, дæттын йæхицæн, æндæр фельдмаршал дæр суы- даид æмæ кърестытæй дæр йæ риу байдзаг кодтаид, уæдæ йæ адæмæн дæр йæхи куыд нæ бауарзын ко^таг цы хæрзты уын бацыдтæн, уый уæхи цæстæй 7 Дах дуг № 10 97
куы уынут, уæд ма цы, зæгъгæ. Фæлæ — æнæуынон у уæддæр. Фæстаг бон æнæуынон ссис. Æппæтæн нæ, фæлæ алцыдæр царды бæрзæндæй чн ба- ры, æнæхæрам рæсуг зонд æмæ адæймаджы уды æмвæз йæ уд кæмæн у, уыдонæн — уымæн æмæ йæ рæстдзинад хæрам уыд. Æмæ уæд... Хъуыды æрбацæуы, тыхсты хос свæййы зондæн, бæрæг ауæдзыл иугæн- дзозд ифтыгьд ?ондæн, æмæ йæ фæтыхсинаг, фæхъынцъымаг кæиы. бар- æнæбары йæ скатайаг кæны, стæй — басæттын ыл хъæуы,— стæй фæтæрсын кæны гæдж’ы ба^-æнæбсры, фесхъиуы лæг йæхимкдæг, нкчч мæ бафнгсггайД" та афтæ хъуыдыгæнгæ, ничи мын фæхатыд мæ мидахаст, мæ мидæм- бæхст хъуыды, зæгъгæ, йæ алыварс дæр ма фырадæргæй ахьахьæны — æмæ уый диссаг куыд нæу, уый: хуыцау дын хъуыдыгæнынæн цы сæры кæхц ба- тымбылтæ кодта, цы сæры магъз, цы хъуыдыты гуырæн зонд, уым хъуыды йе ’рдзон уагыл равзæрæд, суадоны дон куыд гуыры, афтæ, æмæ дзы стъæлф, хæрдмæ дзы схъиу дæхимидæг, тас дыл æфтауæд! Уæд уый диссаг нæу? Махмæ — нал у, кæмдæрты ма — у. Æмæ Гитлёр, гъа, бынты бын бауæд йæ уидаджы уидаг, фæлæ ацы мар- шæлы рæстдзинад та... Цы у, цы, рæстдзинад! Махæй фылдæр ыл куы ничи дзуры, махæй фыл- дæр, махæй хæстæгдæр, мах царды рæстдзинадæй ахсджиагдæрæй ницы хъæуы, зæгъгæ, йæ бынтон нæхи куы бакодтам, æрмæстдæр æй мах зонæм, махмæ у æрмæстдæр æргомздæхт, зæгъгæ, сомы куы кæнæм æмæ ард куы хæрæм, уæд циу, цы! Циу рæстдзинад, йæ койæ зæрдæцъæх куы фестæм. Æяæууæн’к у кæ каддзахады зоид æмткæй! Гæды! Фæлывд! Мæкгард! Сайд! Æмæ уымæн нæй, уымæн нæй кад нæ тугкалды дæр! Æмæ уый тæры дæлæмæ йæ кад хъæбатыры ном, цард æмæ мæлæтæн дæр! Хардзау нæм кæсы нæ туг калын, сайд ныл æрцыд, зæгъгæ, нæм дзуры нæ зæрдæ, сайд— уымæн æмæ... Уымæн æмæ сайд чи не ’руагъта йæхиуыл, уыдон ныл схъæ- лæй худынц. Мæнæ куыд ратоны йæ зæрдæ! Мæнæ йæм цы тынг цæуы йæ маст исын! Мæнæ цы ’гъатыр уаид йæ масты фæндагыл ацæугæйæ! Мæнæ цы ницæйаг кæсы йæхимæ! Гыццылæй нырмæ, йæ мады æхсыримæ йын йæ ту- джы бауагътой райгуырæн зæххæй сæрыстырдзикад, сæрыстыр у, зæрдæ- хъал у, дæ райгуырæн бæстæ Советон Бæстæ кæй у, уымæй, зæгъгæ, йæ гфтæ схъомыл кодтой, баууæндын æй кодгой ууыл æмæ йæ асайдтой! Асайдтой! Уымæн æмæ сæхи цотæн та æндæр зонд амыдтой! Нал баурæдта йæхи, ныууынæргъыдта, æвиппайды ныккуыдта, ныккуыд- та, дудгæ-араугæ цæссыгтæ тугау æргæр-гæр кодтой йæ рустыл, ссыгътой йын йæ риу. — Гæрæм, Гæрæм! Цы кодтай! Цæуæм! — Цом, цом... Науæд ^æм... мæлын мæм цæуы науæд... Фæхус сты йæ цæстытæ, ацафтид, адзæгæрæг йæ зæрдæ. Нал бæззыд адæймаджы зæрдæйæн, адæмы рæвдыд æмæ уарзты æвдадзы хос ма уаид йæ ирвæзынгæнæг, æмбаргæ зæрдæйы баулæфт, фæлæ кæм уой уыдон лæ- гæн йæ удсаджилгæнæн сахат, чи йын æруидза йæ уды тугæрхæм къæртты- тæ æмæ йыл сæ чи бафу кæна удыбæстæйæн, дунейы æхсæн, адæмы астæу лæг æнæбон иунæгæй куы баззайы, хуыцауæй дæр ма куы æрбайрох вæййы, уæд цы фæуа удхаргæнæг адæймаг, цы! Цæуæм, зæгъгæ, та сын загъта, фæлæ та сæ иу дæр йæ бынатæй нæ фенкъуыст. Йæ цæсты зулæй бакаст йе ’мбæлттæм., Худынц..^ 58
Уый, дам, дын цавæр æнæнхъæлæджы хъарæг уыдис, уый! Йæхæдæг уыдоны худын куыд не ’мбары, уымæн уыдоны худын куыд æцæгæлон у, куыд уæнгæл ын у, афтæ уыдонæн та йæ кæуын, йæ цæссыг агёйæктæ сты æиæмбæрст. Щ яуры бын сæ фæйнæ цардь! фæйнæ хуры тавы, цгрды фæймæ ады сæ æкдзвы, æндæр щ мнс.тæй сæ цсрд йæ бæрæг чемæй куы хауид, сæ удтæм æмхуызон куы хъарид иу маст, уæд æй нæ фæрсиккой, уæд æй æнæ зæгъгæйæ дæр сæхæдæг фæхатыдтаиккой, диссаг сæм нæ фæкастаид йæ хъарæг, йе ’нæнхъæлæджы æрдиаг. Иу царды, иу до- ны былгæрæтты цæуæгау иу царды цæуынц, фæлæ уыдон æмзæрдæйæ ин- нæ, фаллаг былты цæуыиц æмæ, æмгæрттæ-æмбæлттæ кæд сты, уæддæр сæ удтæ кæрæдзийæн удæнцæйттæ æмæ хъæрмуд не сты — уазал дымгæ хæс- сы се ’хсæнты. Дыууæ дзырдарæхст лæджы ис: сæ иу йæ риссаг удæй дзыхджын, иннæ йæ афтид, йæ хъуына уд æмбæхсгæйæ дзыхджын-бæхджын. Æмæ — худынмæ цæттæ сты йæ дыууæ æмбалы. Чи бахуда, уый фарс балæууынмæ рæвдз сты. Чи худы, уый æдзухдæр тыхджындæрæй зыны. Стæй, уæвгæ дæр, цæуыл æргæвдой сæхи, кæд æмæ уартæ кæрты саусыгъ- дæй йæ æнæзгæхæцгæ зест чырыны, йе ’мыр æхгæд зест чырыны чи хуыс- сы, уый сæ цæсты тæригъæд дæр куы нæу æмæ сгуыхт дæр, уæд1 Æмæ кæй уырны, уый сæ йæ мæлæтæй фыд бонтæй кæй бахызта, йæ сæр сæ хорз царды нывокдæн кæй æрхаста уартæ кæмдæр, уый! Никæй. Æмæ уæддæр адæм адæм хорз адæмæй сты æмæ... Æмæ йын, чи зоны, тæригъæд дæр кæной иннæтæм гæсгæ — ау, уæд- дæр та лæг нæ фæмард, йæ тæккæ лæппуйæ нæ фæхъуыд, йæ ауайæнтæ дзæгъæлæй нæ баззадысты, йæ бонтæ — æнæтыдæй... Стæй се ’мгар дæр уыд, кæд æй уыйбæрц хæстæг нæ зыдтой, уæддæр: сæхи сын æртæйæ æф- садмæ куы кодтой, уæд ма уый æвдæмтæм æви æстæмтæм цыдæр цыдис... Æфсадмæ... Æфсадмæ цæуынц абон дæр æмæ сын куывдтæ дæр кæ- нынц, æмæ сын кувынц, Уырдæм ма бахаут, зæгъгæ. Иутæн рагацау сæ фæн- дæгтæ арæзт вæййынц, рагацау сыл батыхсæг фæвæййы (дзæнæтмæ фæн- дæгтæ дæр батыхсгæйæ, амалджын фæрæзæй куы уаиккой, уæд та дзæнæты дæр хæрам æмæ тæригъæдджын адæмæй къах бавæрæн дæр нал уаид), æмæ кæд фæндагæлхæд адæмы уымæ кувын нал фæхъæуы, уæддæр æм тæхудыгæнгæ фæкувынц, сæ миднымæр хуыцауыл дæр æмæ сæ фынджы- бадты кувæгыл дæр худгæйæ — хорз æй зонынц, æгæр хорз æй зонынц, хуыцауы бон циу æмæ хицауы гæнæнтæ цас сты, уый (хуыцау сыл куы æруа- дзы уæззауæй йæ мастисæн бæллæх, уæддæр фæсмойнаг зондæй, æнæхи- нæй цæрынæн сфæлдыст кæй уыдысты, уыцы хатдзæгмæ не ’рцæуынц, фæ- лæ фæсмойнагæй дæр афтæ фефхæрынц сæхи, æмæ ома кæмдæр сæ галиу фæндаг бынтон дæсныйæ нæ равзæрстой, бынтон рæвдз нæ фæлæууыды- сты, уыдис æнæрай хъысмæты асайæн, фæлæ фаг хорз зонгæйьзл нæ баф- тыдысты, фаг «хъуынджын къухыл», зæгъгæ). Æмæ æртæйæ дæр æфсадмæ иумæ ацыдысты. Иумæ сæ нылластой Ташкентмæ дæр. Æмæ цалынмæ уыдоны раккуырс-баккуырсгæнгæ ластой, уæдмæ уым сæ разæй балæууыдысты йæ дыууæ ’мбалы фыды. Базыдтой, Уырдæм æрвитын-не ’рвитын кæмæй аразгæ у, уый æмæ йын йæ хæдзары дуар уæзданæй бахостой, æмæ йын цæмæй уыцы уæздан хост дæр хъыг ма уа, уин тыххæй йын бæрæг цъындыаргъ — дæс æмæ ссæдз туманы — уæ- лæмхасæн ма фæйнæ ссæдзы радтой æмæ: «Уымæн йæ мин сомы йæхи фе- 99
сты, махæй уыдон та интернацион хæсы аккаг нал разындыстæм æмæ’ Цæ- дисы æвзæртыл нымадæй баззадыстæм. О, хъыг дын ма уæд, куы дын дзырдтам дæуæн дæр, фæлæ цыдæр æфсæрмытыл схæцыдтæ æмæ...»-4 худгæйæ йын дзырдтой. Худæнт, кæд сын батайа, уæд худæнт, разы куы сты сæхицæй, уæд цæуылнæ худой — нæ бакуымдтой сайын алы дзæнгæдатæн, ногдзау-æдылытæ не сты, дæ Сырх Стъалыйы орденæй сын сæ æнæсахъат уæнгтæ ахсджиагдæр сты, саусыгъд мардæй сæм саукозтджын цард тæху- диагдæр кæсы, сæ цытджын конституцион хæс дыууæ азы нахылигæнгæйæ (уый дгер сæхи дзырд у) бафыстой, æфсадæй æцæг лæгтæй, æххæст л.æгтæй (ома æнæ иу уæнгхъуагæй) сыздæхтысты, нæл хуытау хæрзхастæй, уырыссаг чызгæфсæстæй (уый дæр сæхи æппæлæн ныхæстæй у), уд — зæрдæрыст нæ баййæфтой, ирон лæппутæ æмцæдисæй иннæты надтой, сæхиуыл иннæтау уырсиуæг кæнын нæ бауагътой (раст зæгъгæйæ, уымæй сæ разы уыд), æмæ, дам, дын хъыг ма уæд, стæй, ау, иууылдæр Уырдæм ацæуæм, уæвгæ та, кæд бырсæм знагмæ, бырсæм, сæттæм, сафæм знаджы нæ арæнты фале, уæд æй æцæгæй дæр йæхи зæххыл æрнордæм нæ быны, бырсæгау æм ба- бырсæм, æндæр уыдон цавæр «ограниченный контингенттæ» сты, уыдон — кæй цотæй у уыцы контингент, уымæн нæ риссы, йæ фырттæн исты нымæц дæр нæй, нымæц! Æмæ уæдæ иугæр цæвæм — уæд цæвæгау, æндæр уый цавæр равзид-бавзид у, æндæра иуты æфсадмæ æмæ хæстмæ кæнынц, ин- нæты та æфсадмæ æрмæстдæр, æмæ уæд дыккæгты амонд хъулондæр цæ- мæн у! Кæд хæст у—уæд æппæтадæмон! Кæд нæу — уæд никæй хæс у ахæм хæсты туг калын. Æрмæст... Æрмæст адон, йæ дыууæ ’мбалы, сæ амонд æлхæнгæ бакодтой. Адон сæ галиу зондæн бындуртæ æмæ быцæутæ агурынц æмæ сыл худгæ дæр ни- кæй зæрдæ фæкæндгæн, уьвмæи æмæ адæмæй дæр уый хæрам никæмæ кæ- сы: кæд ахæм ахсджиаг, афтæ æнæмæнг фидгæ у уыцы интернацион хæс хъæбулы тугæй, уæд æй хицауад сæхи цотыл цæуылнæ æвæрынц, и! Стыр хицæуттыл нæ дзуры — иу гыццыл хицау дæр, иу амалджын лæг дæр йæ фырты Уырдæм нæ уадзы. Æмæ йæм уымæн дæр, цæмæн афтæ у, уымæн дæр дзуапп нæй. Æмæ йæ бынтон уæнгдзагъд, бынтон мæстджын, зæрдæскъуыд, æрратуг уый кæ- ны, йæ мастисын ын амондау адджын уый кæны, уый — фæлæ æмбары, йæ бон сын кæй ницы у (уыцы хицæуттæн, сæ хоты Уырдыгæй иуварс фæтьшиф- гæнæг амалджынтæн), уый зæрдæдудгæйæ, зондталынггæнгæйæ æмбары æмæ афтæ ссудзы, афтæ ссудзы йæхимидæг, æмæ уыдон иу ран æмбыр- дæй куы баййафид — æнæхъæн бæстæйы хæрамгæнджыты (схъæлæй йын куыд худынц йæхиуыл, йæ саусыгъд хæстон æмбæлтты саударæн æмбырдты хус дзæнгæда куыд цæгъдынц, уый йæ тугбадт цæстытыл ауаид),— уæд сыл нæ бацауæрдид, артдзæвæн хотыхтæ сæм саразид, судзид сæ æмæ æррайау худид, хъæддагау, йæ мидзæрдæйы та цинæй ахæм хъуыды кафид, цыма æппæт æфхæрд, æппæт сайд тох фæсивæды маст дæр уыдонæй исы, уыцы хъуыды кафид цингæнгæйæ йæ мидзæрдæйы, йæхæдæг æррадзæфæй кæл- кæлæй куы худид æмæ арт куы æндзарид æппæт хæрамгæнджытыл, уæд! Æндæр сæм уæдæ алы лæгыл дæр паддзахады номæй æвæрд фидинаг хæс- тæ фиддойнаг ма кæсæнт, адæмы фыдæхæй дæр æмæ æхсæнады хъодыйæ дæр æдас уæнт, æмæ æдас — æнæстъæлфгæ та уымæн сты, æмæ йæ кæй зонынц: закъонырдыгæй сæ тас нæй — æлхæд сын у, уыдоны хуызæттæй 100
бирæтæн ныууæй кодта йæхи, стæй уыцы карз закъонтæ чи фыссы, уый дæр сын сæ карз йæхиуыл дæр æмæ йе ’мсæр адæмыл дæр нæ бары. Ирон дарæсы æрвылбон цæуын куыд нал фæтчы, афтæ цæсгом æмæ æфсарм дæр хи цард аразыны хъуыддагæн къуыхцыйы æмæ цæлхдуры хос систыг æфсарм æмæ цæсгомы тырыса фæскъуымы æнгом тыхтытæй хъус- хилджыты бадæн сси. Æмæ, дам, сæр кæуыл ис, уыдоны, дам, ницы хъуыддаг ис сыхаг бæс- тæйы цæхдоны нæ къæбæр тулынмæ, фæхыл сты дæ сыхаджы бинонтæ — сæхæдæг искæд бон фидаудзысты, кæд сæм мæрдтæ æрцæуа, уæд та сыл нæ хъыджы хайæ баузæлдзыстæм, æндæр дзы нæхæдæг хæсгæ мæрдтæ фæуæм! Нæ,х нæ! Зондджынтæ фæсарæнтæм æхца кусынмæ, алы дзæбæх дарæс æлхæнынмæ, æвзаргæ хæдтулгæтæ æрбатæрынмæ — исты ахадгæ амалы фæдыл цæуынц, мах та, дам, цавæрдæр æбæрæг интернацион хæс фидæм! Уыцы хæс æгъуыссæг кæй кæны, уый фæдыл мæм мæнæ ныр — мæнæ ныр куы æрбахостæуа, зæгъгæ, фестъæлф-фестъæлф чи кæны, уый йæ фидæд, мах та ахæм хæс нæхиуыл нæ зонæм æмæ... Сыхаг хæдзары дуармæ æнгуз бæласы цонгыл ставд бæндæнæй херы. Кæцæйдæр дыууæ гыццыл лæппуйы фегуырд, кæрæдзи худгæйæ ратон-ба- тон кæнынц, сæ иу иннæмæн бар нæ дæтты херыйы фæйнæгыл сбадынмæ... Уый дæр уыдонау хьазыд. Уыдонау Уый дæр, уартæ саусыгъд дæр, æнæхин æмæ рæвдыдарм æнхъæлдта дунейæн. Уый дæр уыдонау никуы уырныдта йæ мæлæт. Уымæ дæр уыдоны кары нæ хъардта, мæлæт та циу* куы амæлы лæг, уæд уый та циу ,зæгъгæ. Æмæ ныр... Цы зын у мæлын цæрæг удæн кæддæриддæр, цы хъиамæт у уыцы хъуыдыйыл басæттын, йемæ ’мдзæрин суæвын! Уæлдайдæр та тæккæ цард- бæллон, цардрай фæндагыл. Фæлæ лæджы номы хæс зонды бацæуы, сфи~ дар дзы вæййы, кæд ын йæ хæрам уаг — æрдзы скондæн йæ хæрам уаг фембары, уæддæр хæстон лæджы номы хæс уæззауæй æрæнцайы туджы æмæ райгуырæн бæстæйы æфхæрды маст исынмæ йæ бæхыл сбады, топп æмæ кардæлвæстæй ацæуы райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау хæцæн быдыр- мæ æмæ, кæд ын уым дæр мæлæт амондхæссæг нæ вæййы, уæддæр йæ лæ- джы номы фæдыл кæй цæуы, райгуырæн зæххы хъæбулы хæс кæй фиды, уыцы сæрыстыр хъуыдыйæ домбай вæййы йæ зæрдæ, нæмыгдзаг дзы вæййы йæ ныфс, фыдæлты сыгъдæг намысæй разæнгард вæййы йæ лæджы хъару. О, æцæгæлон адæмы райгуырæн бæстæйы знæгтимæ дæр ис æнæ- къæмдзæстыгæй схæцæн — Испани уымæн цæвиттон. Фæлæ — бархийæ! Æмæ цал æмæ цал адæмты бархионтæ уыдысты уым фашизмы ныхмæ кард æмæ топпæлвæстæй хъазуатæй хæцджытæ... Æндæра... Æндæра цæй хæстон лæг ис лæгæй, йæхимæ, сайд, фæлывд кæуыл æр- цыд, ахæм куы кæса, уæд! Хъуамæ лæг дзæнæтмæ цæугæйæ дæр æууæнда, сайд ыл кæй не 'рцыд3 ууыл! Ныр хæхтæ, уæлæ уыцы райгæ бæрзонд хæхтæ куыд базгъæлæнтæ уойу афтæ ма ныхъхъæр кæн: ай цы у, ай цавæр æнæбар дуне у лæгæн! Ныр уалæ Хъазыбеджы хохы йас лæг ма фест, ма æрцæв зæхх дæ къа- хæй афтæ, афтæ йæ ма ’рцæв, афтæ, æмæ йæ хъеллау-меллауæй куыд нал æнцайа иу къуыри æмæ уæд ма бафæрс мæлæты тасæфтауæг хъæлæсæйг уый цы кусут адæймагæн, уый! Маст дæ бацæуæд, судзгæ маст, æмæ йæ дæ бон макæмæй уæд рай- т
сын! Æппæт адæм, æппæт уыйбæрц дзыллæтæ смæстджын уæнт æмæ сæ цуры иу лæг комкоммæ азайраг ма уæд! Ай цы дуне уг æцæгæй, дæрг ай цы дуне у! Куы фидыдтаид, æгæр хорз дæр ма куы фидыдтаид, æнæ адæй- магæй, уæд дзы йæ сæрнизæн Хуыцау адæймаджы та ма цæмæн сфæлды- ста! Фæтарст, фесхъиудта Гæрæм, мæнæ йæм ныр цы хъуыды фегуырд, уы- мæй æмæ та йæхæдæг дæр æфхæрд, ссæст кæй у, суанг йæхи æмбарын- хъом куы фæцис, уæдæй фæстмæ бæрæг ауæдзы ифтыгъд: октябронты хъа- зы цъиуты халау дæ кæрæдзи фæдыл хъазгæ-худгæйæ кæнæнт, ногдзауты бæрæг хаххыл дæ хъазгæ-æртхъирæнтæгæнгæйæ тæрæнт, фæскомцæдисы над фæндагыл дæ цъæлхъæр-фидистæ, алы æфхæрæнтæй дæм æвзидгæйæ, скъæрæнт æмæ дын афтæ кæй хъæуы, афтæтæ дын кæй æмбæлы, садзгæ зондæй дын цы зонд дæттынц, уымæй æддæдæр æндæр иннæ хъуыдытæ, иннæ зонд галиу æмæ знаггадхæссæг зонд у, зæгъгæ, дæхи дæр уырнæд, дæхи æмæ ссæст æмæ æфхæрд кæй дæ, китайаг чызджытæ сæ къæхтæ фи- дар фæлгæтты-хъузджы куыд дарынц, сæрибарæй сæ рæзын куыд нæ уа- дзынц, дæуæн дæр дæ зонд æмæ уды арæнтæ афтæ гыццылæй фæстæмæ— агъуды, Уыдоны нывкарст кæрддзæмы уæнт æмæ ууыл сахуыр у, ууыл, æмæ та дæм, писиастæрд зæххы бынæй кæрдæг куыд сдара йæ фæлмæн æмæ æнæбасæттон цъæх судзин, æмæ та дæм афтæ дæ хъуыдыйы гæрæнты фа- ле ног хъуыды, æрцæуæггаг хъуыды куы фегуыры, уæд дзы дæхæдæг дæр стъæлф, удаист ’ дзы кæн — уæд уый удлæварджын лæгæн цавæр дунейы фæтк у, зоидæй хайджын лæгæи уæд уый цазæр тæхудиаг æмæ хæлæггаг цард у, цавæр! О, æмæ удлæварджык æмæ зондуæрсты хайджын адæмы ныббынæй кæ- нынæн æхсарæй архайæг лæгмæ, æдьшымæ æмæ æнæфсарммæ (йæ царды тæккæ тыхы ис æви йæ мæрдты фæндагмæ дзагъултæ кæны — уæлдай нæу) йе ’мзонд æфсæдтæ куы уа, йæ галиу зондыл лæуд паддзахадон тыхтæ йæ дæлбар куы бауой, куы бапарти уой ахæмтæ, уæд уый, уыцы уавæр лæгæн цæргæ дуне у! Нæу. Нæу, йарæби, кæд ма адæмы зонд зонд æмæ фарны тыхыл нымад у, уæд. ©æлæ фæразынц адæм. Сахуыр сты сæ агъудтыл, сæ хъузджытыл, сæ кæрддзæмтыл, сæ фæлгæттыл: Рæстытæ æмæ Хæрам æвзарæн обаумæ нæ цæуынц, быхсынц, уафс уæлфадæн зонд куыд амоны, уымæн дæр æмæ бæгънæгзæрдæ раст лæгтæй хæйрæг иннæтæн æфсондзтæ куыд кæны, уы- мæн дæр. Быхсынц. Æмæ иу лæгæй æппæт уыцы мæстытæ куы бамбарай, уæд циу дæ бон! Ницы. Иу лæгæй ницы. Басæттыс. Амæлыс удæгасæй. Быдыргъ дæ рауайы. Алы дымгæты коммæгæс быдыргъ. Адæмы бон дæр уымæн ницы у, æмæ, сæхæдæг куыд дзурынц, афтæ адæмы хæрзтæ нæ бапарти сты! Ау, нæ Маршæлæн чл табу кæны, уыдон се ’ппæт адæмы хæрзтæй сты! Фыдæлтæ ацыдуне мæнгард куы схуыдтой, уæд мах дунейæ, ныры ду- нейæ загътой! Æви ацы дуне æдзухдæр мæнгард уыд æмæ уыдзæн! Уæд ма дзы цæй Революци хъуыд, цæй парти ма дзы хъуыд уæд! Цæй номыл басыгъд, уартæ уым чи хуыссы йе ’нусон фæндаджы къæсæрыл, мæ- нæ ацы дзыллæтæ кæй фæстæ æрцыдысты, йæ фæстаг, æцæг æнæсайд, фæндагыл фæндараст кæй кæнынц, уыцы лæппу! Йæ мад æмæ йæ йæ фы- 102
ды цурæй Уырдæм чи арвыста, Уый афтæ цæмæн æнхъæлыг æмæ Мах Адæмы Зонд Уыдоны Адæмы Зондæй растдæр у, Мах цард Уыдоны цардæй æнæхæрамдæр уг Мах дуне Уыдоны дунейæ æнæмæнгарддæр у, зæгъгæ! Йæхи адæмы баууæндын кодта Ууыл, иннæ адæмты баууæндын кодта Ууыл* Парти... Уыд эдæмæн—Хуыцау. Уыд адæмæн сæ алы хъуыддагæн, сæ алы фæндагæн дæр Бардуæгтæ. Ныр та сын — Парти. Цы Ныфсæй, цы Æфсармæй, цы Зондæй, цы Бархъомысæй скодта, схуыд- та йæхи æмæ у адæмæн Бардуаг — Ныфсæвæрæг, Æфсарм хæссæг, Зонда- монæг! Йæ сæргъы худинаджы Маршæл, афтæмæй!.. Парти, зæгъгæ, уæд адæймаджы зæрдæмæ æхцон хъуыдытæ, æхсыз- гон уылæнтæ цæуыннæ багуылф кæнынц! Парти, зæгъгæ, уæд лæджы зæрдæйыл уазал цæмæн андзæвы, æппæ- ты фыццаг дзы æфхæрды тас цæмæн бацæуы! Искæй бафхæрынмæ гæппæй цыма бады, афтæ цæмæн кæсы зæрдæмæ! Уый ма абон, Ленины Зонд йæ зонд кæмæн у, Ленины Æфсарм йе ’фсарм кæмæн у, Ленины Туг йæ туг кæмæн у, уыцы Парти у! Кæддæрьь разагъды лæппуты æмæ лæгты Парти ма у! Мæгуыр Ленин, * æгуыр Лекин — нæу. Нæу! Æмæ... Æмæ... Æмæ дæ маст та, Ленин, дæ Маст та кæмæй райса, кæмæй! Йæхи хорз зæрдæйы маст,хорз адæмы хорз зæрдæты маст æм дæ Маст куы кæсы, дæ сыгъдæг зæрдæйы Судзгæ Маст, уæд! Цы ныфсæй, цы зондæй райста йæхæдæг дæр хæцæнгарз æмæ Уырдæм цы цæсгомæй бацыд, куыд цæрын сын æмбæлы, уый сын топпы дзыхæй амонынмæ цы ныфсæй бацыд, цы! Дæхи бæстæйы цардарæзт дæм Уыдонæк цæмæй фæкаст фæзминаг, цæмæй! Чи загъта уый, чи кæд схуыдта мах зон- ды чиныг! Кæд базыдтам нæхицæн сир кæнын! Кæцæй нæм æрцыд уыцы бар, æмæ искæмæн амонæм, дзыкка куыд кæнын хъæуы, уый! Йе ’мбæлттæм бакаст: уыдоны хæрам рæстдзинадæн æвдисæнтæ не сты йæ хъуыдытæ! Сты. Фæлæ йæ цæуыннæ хъæуы сæ рæстдзинад, цæуыннæ! Уымæн... Уымæн æмæ адон дæр, куырмæй, йæхæдæг куырмæй иннæ куырмæн фæтæгæй чи лæууы, уыдоны фарсласджытæй сты, адоны рæстдзинад хæрам- цыды рæстдзинад у æмæ йæ нæ хъæуы, нæу ыл разы йæ зæрдæ: адоны, йе ’гас дыууæ ’мбалы рæстдзинад æй не ’ндавы, йæ саусыгъд, йе ’кæкъах, æнæцонг хæстон æмбæлтты тæригъæд ын у хæстæгдæр, уыдоны маст ын у цардæнадгæнæн, йæ туг ын—тугмондаггæнæн. Цалынмæ йын ацы хъинцгæнаг, æнæсæрст уæрдонау хъинцгæнаг хъæдыв къæхтæ скодтой, уæдмæ цал дуарыл бахызт йæ фыд, цал уазалцæст æмæ къуырмазæрдæ хицауæн балæгъст/æ кодта, цал хатты рафыхт йæхицæн дæр йæ рыст зæрдæ, цал хатты сфæнд кодта йæ сæр æрдзæвæджы фæцæвын! Скодтой йын сæ. Хъизæмæрттимæ сыл цæуын сахуыр. Нæ ацыдтæ, нæй дын хъæдын къæхтæ — цыппæрдæс туманы дын паддзахадæй цæрæн хос, ауадтæ дæ хъæдын къæхтыл — цыппар туманы ма дын æмбæлы: кусынхъом фæдæ! Уыдон та æдзухдæр дзырдхъом сты æмæ та ногæй-ногмæ фæсивæды 10$
Уырдæм æрвитдзысты, ногæй-ногмæ сын æмырæхгæд чырынтæ дæр æмæ хъæдын къæхтæ дæр... Æмæ цы аивта Уым, цы! Цæй сæраппонд фæкалд рæзгæ гуырдты туг æмæ ма кæлы æмæ ма кæлдзæн! (Куы фæуæлахиз уаиккой Махонтæ, нæхи махонтæ æмæ уыдоны махонтæ, уæд та хæрзаг цъиувæдисимæ Маршæлы фæтæн риуыл бынат разынид ног сызгъæрин стъалыйæн.) Цы маст у уый, цы худинаг у уый æмæ куыд никæй ницы бон у! Афтæ сæгад кæн Советон Цæдисы Хъæбатыры ном, афтæ! Иу удæй йæ нал хъæуы йæ цард. Фæлæ уый мæнæ нырау мæстджынæй, йæ мæстытæ та куы сног сты, уæд. Ам, зианы йын сног сты, æмæ ацæуын хъæуы, кæд сæ уæд фервæзид, сулæфид сæ, æндæр хъуыдытыл бафтид, сау- дарæны сур, æдзæлгъæд ныхæстæм, партийы райкомы номæй, райæххæст- комы номæй, фæскомцæдисы райкомы номæй, æфсæддон хайады номæй дзæигæдамæ хъусьшы хъару йæм нал ис — фæсур уыдзæн, фæзæрдæхъарм. Загъта, иуварс асанчъехгæнгæйæ: — Æгъгъæд фæуæд. Бастадтæн. Стæй мæ ацы хур дæр... Суынгæг мæ кодта куыддæр, мæстæймарæн мын у йæ ирд рухс... Мæ масты бын мын арт æндзары ацы хур. Мæ сæры магъз скæлм... Æмæ йæм æрмæст мæстæймарæн нæ каст хурæн йæ налатхуыз ирд рухс, йæ туг дæр ын цыма æцæг знæт кодта æмæ йæ æцæг ахæм хъуыдыйыл цы- ма æфтыдта æмæ хур дæрг арв дæр, зæхх дæр—дун-дуне æнæхъæнæй дæр йæхи, адæймагæй дард сагъæстæ æмæ мæтæй цæры, адæймаг ын æцæгæлон у, никæцырдыгæй йæ хъæуы, раст ма йын æнæуыион æнад дæр цыма у... Ацы хатт йемæ сразы стыг фæраст сты дыууæ ’мбалы йæ фæдыл. Сæ- хæдæг дæр сæхи ам бынтон лæгъз зæрдæ не ’нкъардтой, кæд-иу худгæ дæр бакодтой æмæ сæхи рæстзæрдæ, æнæтæригъæд адæмау æнæкъæмдзæстыг дардтой, æнæ мидстъæлфгæ, уæддæр тыхстысты, сфæлмæцыдысты, сæхими- дæг æлгъыстой, зианы кæуын æмæ æрдиаг чи æрхъуыды кодта, йæ алы æнæхъуаджы æгъдæуттæ йын æнæмæнг хынцинагыл чи банымадта æмæ сæ бегарайау фыдæлты æфсармы номæй æппæтæн дæр хæсæн чи ныффыста, уыдогш. Се ’рыгон туг йæхимæ мæлæты уазал цæстытæ кæсьш нæ уагъта, сæхимæ ма ис сæ саби зонд — Уым нæ уыдысты, Уым нæ бахсыст сæ зæр- дæ: мæнæ ма æрдæбон дæр, тæккæ ацы сахатыл дæр дæ хæдфарсмæ де ’мбал ныббырсты згъордта æмæ — ау, ныр мард, æцæгæй дæр мард у, йæ тъымы-тъымамæдæр мард у, никуал, ни-куы-уал! райгас уыдзæн! Æмæ Уым нæ уыдысты, нæ сахуыр сæ зæрдæ, не сфæлтæрдта, нæ бахсыст ахæм хъуы- дыимæ æмдзæринæй, æмæ мæлæт уырнинаг кæй у, сæ алкæмæ дæр кæй уæнды, уæлдай йын сæ кæй ничи у, дзæгъæл тæригъæдтæ йæм кæй нæй, ;дæ саби зонд, ома ды никуы амæлдзынæ, уый та куыд, æмæ ды дæр амæ- лэй, зæгъгæ, Уым уыцы зондæй куыд тагъд сдзæбæх вæййынц, уый нæ ба- зыдтой æмæ сæм мæлинаг, мæлæты амæттаг æндæр чидæртæ кастысты, æндæр кæуылдæр — уыдоныл нæ, æндæр кæуылдæр фидыдта мæлæт, кæд- иу фыццаг бадис кодтаиккой, мæнæ куыд æбуалгъ у, кæй амард уартæ уый æмæ уый, зæгъгæ, фæлæ та-иу куыдфæстæмæ уыцы æндæр искæуыл, мард кæй у, уый сфидыдта, раст ма-иу афтæ хъуыды кæнын дæр райдыдтой, æмæ уыцы æндæр искæмæн æнæмæлгæ нæ уыд, нал фидыдтаид царды, куы аирвæзтаид, куы ферох уыдаид йе ’мгъуыды бон адзалæй, уæд дæр нал фидыдтаид цардæгасæй. Æмæ иугæр афтæ кæм у, уым дзы цæмæн хъæуы ффтаэ кæуын æмæ афтæ æрдиаг кæнын, уыйбæрц ралæуу-балæуу, уыйбæрц 104
æгъдæуттæ, марды алы кæндтытæ! О, худинаг дæр куыд нæу уыцы хуызы - хъуыды кæнынг фæлæ уæддæр æнæпайдайæ ам лæууыны бæсты афонмæ... афонмæ... Сæ иу проспекты,— тæккæ афтеччы тигъыл,— дыргътæ, халсартæ, алы цъæх хъацæнхал уæйгæнæгæй куыста. Æмæ кæд худинаг у афтæ хъуыды кæ- нынг уæддæр бар-æнæбары йæхимидæг нымадта, афонмæ цасы аргъ ауæй кодтаид, цас спайда кодтаид йæхицæн, уыдæттæ. Йæ цард, йæ куыст уый куы у, уæд ыл куыд хъуамæ ма хъуыды кæна... Иннæ куыста слестгæнæгæй, Бакуйы рæстæмбис сæрмагонд ахуыр райста;. дарддæр фæсаууонмæ юридикон институты ахуыр кодта, хорз цæстæй йæм^ каст разæй йæ цзрдхъысмæт, тынг тыхджын æмæ дзы хъаруджынæй, алыр- дыгæй дæр тынг æдыхстæй уыдта йæхи, адæмæн табугæнинаг æмæ кувина- гæй, лæгъстæйаг кæмæн уыдзысты, ахæм бæрнон лæгæй, нымад лæгæй, ны- мад та йæ тыхы кадæй, йæ гæнæнтæ куыд уæрæх амондзысты, уымæй. Æмæ сомбоны ,хæстæг фидæны йæхи ахæм лæгæй зæрдæрæвдаугæ уырнинагæй кæй уыдта, æппындæр ыл дызæрдыг кæй нæ кодта, уымæ гæсгæ йæхи ны- ридæгæн дæр стыр хъуыддаджы бæрны æвæрд лæгæй æнкъарын райдыдта, æмæ уымæ та уый тыххæй каст хардзау ам иннæтау æвдæлонхуызæй лæу- уын, йæ рæстæг дзæгъæлы, йæхи удмæ цы нæ хауы, йæхи удæн иуырдыгæй дæр чн нæ фæахъаз уыдзæн, уыцы æгъдауы номыл дзæгъæлы хардз кæнын. Фæлтау афонмæ искуы доны был, худинаг дæр у уымæ тæхуды кæнын, фæ~ лæ афонмæ фæлтау искуы доны был ацы замманай хур бон... Æндæр зианы дæ пинджак дæр нæ раласдзынæ — иуæй гомцонгæй цыбырдыс хæдоньз лæууын аив нæу, иннæмæй йе уæхскыл йæ дамбаца æфтыд у æмæ... ^у уавæр, сæ иу мидуавæр ма сæ тыхсын кодта дыууæйæ дæр æмæ уый — се ’фсармы рæхуыстæ, зæрдæйы арфы ма цы хррз зæрдæ ис алкæ- мæн дæр, фæстаг æфсармы бадæн, уый ма сæ фæныхс-фæныхс кодта: мард Уым фæмард, Уым, сымах уæхи кæцæй фæтары кодтат, сымах афтæ кæмæй загътат, мах Æдылытæ не стæм, Уырдæм цæмæй ацæуæм, ахæм Æдылытæп æмæ уый та, уартæ кæрты йе ’мырæхгæд æфсæйнаг чырыны саусыгъдæй чи хуыссы, уый та Уым фæмард æмæ куыд бахъæцыд уæ цæсгом йæ мардмэв æрцæуын, куыд зæрдиагæй йыл кæуынц адæм æмæ йыл куыд æрдиаг кæ- нынц, уымæй дæр ма куы мæстджын кæнут, уæд! Æмæ сразы сты ацæуыныл, цы къахы фыдæбон бакодтой, уый йын хæ- лар уæд, хъыг ын ма уæд мæрдтæм йе ’нусон хæдзармæ йæ фæдыл кæй нæ акастысты, уый. Сæхи дæр — сæттай йыл дæхицæн, ма йыл сæттай,— уæддæр сæхи дæр искæд бон уырдæм хъæуы æмæ уыдоны зианæй дæр исчитæ цæуыныл батагъд кæндзæн, æхсызгон хъуыддæгтæ сæ уыдзæн — удæгасæй дæр нæм алкæмæ дæр йæ хæрамы хай куыд æрхауы адæмæй, афтæ нæ мардмæ дæр бахæццæ вæййы исты æфхæрæн. — Искуы доныбылмæ цом, нæ! — О. Æвгъау уыд саударынæн ахæм бон, фæлæ сæ уæддæр сæ мидæфсарм нæ бауагъта, семæ чызгæмбæлттæ айсой, уый. Стæй æрмæст зианæй дæр не фсæрмы кодтой — уым, зиакы цур сног, Гæрæмы раз сæхимæ цы къæм- дзæстыджы хай истой, уый дæр — цы дзы уыд уыдоны аххос, уымæн йæ къæхтæ кæй ахаудтой, уым, фæлæ уæддæр сæ зæрдæтæй æдзæм уайдзæфы агайд сæ бон фæтæрын нæу, агайы-рæхойы сæ бар-æнæбары Гæрæмы ’нæ- бон уавæр, йæ тæригъæд — уыцы цахъхъæнæй æнæ къæхтæй баззай,—сы- ) 105
мах та уæхи фæтылиф кодтат... Бирæ сын нæ ахæссы сæхи æфхæрæн хъуы- ды, удæвдæрзæнтæм сын нæ асайы, уæд Гæрæмлчæ иуахæмы рамæсты уаик- кой, схуыст ныхас сын расаид, стæй та, чи зоны, хыл дæр. О, куы фæхыл уаиккой йемæ, уæд ыл дæ кьух ауигъ, никæй аххос дын у, мах дын нæ рад- там бардзырд (собесы хицау ын куыд загъта мæстæлгъæдæй, æз дæ нæ арвыстон Уырдæм, зæгъгæ), Æдылы уыдтæ, дæ фыд дæр йæхицæй сдзуар кодта æмæ... æмæ... Машинæйы бадгæйæ Гæрæммæ йæхи ныхæстæ диссаг фæкастысты: цæ- мæн сæфсон кодта æрдæбон, хур æй хъыгдары, йæ ирд рухс ын мæстæйма- рæн у, зæгъгæ? Стæй уыцы ныхæстыл уый фæстæ куы фæсагъæсджын, уæд æм æцæгдæр хуры ирд рухс, æнæкъæм арв хæрам цæмæн фæкаст, адæй- маг дунейы скондæн æцæгæлон, фыдбылызхæссæг гуырд у, зæгъгæ, цæмæн февзæрд йæ сæры! Мæнæ та ныр дæр йæхи афтæ куы æнкъары: цы цæуы, уый ууыл нæ цæуы, цы цард ис, уый уый цард нæу, цы хур ныттынг дуне- тыл, уый уый хур нæу, нæу, уымæн дзы хай нæй, уый не ’ндавы, нæ йæ ;рæвдауы, бар ыннæй уымæй йæхи буц кæнынæн, уый цинæн нæу ахæм ку- ’Эинаг фестинаг бон — нæ дзы фидауы, æцæгæлон дзы у æцæгæйдæр, æцæ- гæлон, фыдзыкъуыр æгæнон налат, хæрамуд, сыгъд, мастæй сыгъд зæрдæ- джын, нал бæззы йæ зæрдæ адæймаджы зæрдæйæн, нал бæззы йæхæдæг дæр адæймагæн, нал, уымæн æмæ иу амонд дæр уый æмгæрон нал ауай- дзæн, иу амонд дæр уымæ никуы æнхъæлмæ кæсы быхсгæ æмæ фæразо- нæй. Æмæ уый цавæр афтид у йæ уд, цавæр! Хæрам хъуыдытæй хурмæ æцæг скæлм йæ сæрымагъз! Хур бонтæ бирæ куы уарзта рагæй дæр, уæд ныр... Мæ зæрдæ хорз зондыл куы бафтид, фæлмæнзæрдæ зондыл, зæгъгæ, хурмæ йæ мидбылты бахудт, бахудти йæм йæ мидбылты машинæйы рудзын- гæй кæсгæйæ æмæ æцæгдæр йæ риуы хорз уылæн, ома æхсызгонæй уылæк куыд ахъардта, куыд ахæлиу, уъгй банкъардта æмæ йын фенцон, фæрогзæр- дæ, фæрогдуне йæ мидуавæр, фæхурджын зæрдæйы хъуынтъыз быдыр. Æмæ йæм нал каст хуры ирд хæрам. Æмæ дунейы сконды нал хатыдта йæхи æцæгæлонæй. Рынчын та уыд ногæй, хуымæтæг рынчын. Кæй фæдзæ- бæх уыдзæн æнæмæнг, ууыл йæ зæрдæ чи дары, ахæм рынчын. Фæдзæбæх уыдзæн æмæ та уый дæр йе ’мгæрттимæ цардæн йæ уæз кал зондзæн, рогуæпг æмæ рогзæрдæйæ, уæнгрог æмæ зæрдæрогæй хуыцауы арфæйæ æмæ уарзон адæмы курдиатæй цардцины адджын козт нуаздзæн. Рьшчынта цы, рынчын та саг дæр фæвæййы. Стæй ма рынчынæй, бынтон сæйгæ рын- чын ма уæд лæг, æндæр — стæй ма рынчынæй лæг иу æнахуыр хорз уавæ- ры ахасты бахауы: хæларзæрдæ æмæ зондджынæй, фендджын зондджынæй фæкæсы йæ алыварс цардмæ — ницы азымы йæ фæдары, бузныг дзы вæййы, æрмæст ын ацы дуне феныны фадат кæй фæцис, хорз адæмты кæй базыдта, хорз адæймаг адæмæн, алы лæгæн дæр амонд кæй у, уыцы хъуы- ды, йæ зондæн ын рухс хæсгæйæ, кæй сфидэр йæ зæрдæйы, æрмæст уый тыххæй дæр йæ удæн æдас рынчын лæг бузны вæййы хъысмæтæй. Æмæ йын уæлдай æхсызгон æмбæлæгау та басгуыхынц хур бонтæ, хурæвдылд, хъуыдыджын, мидрухсджын сæрдыгон изæртæ. Амондджын вæййы адæймаг. Амондджынæй — катайаг. Уæдау, уыцы изæрау... Афтечы тигъмæ мæнæ йе ’мбалмæ ссыд. Уый æрыскъæфтæ уæй кодта æмæ йын дзы се ’взаргæтæй, сæ хъомылдæртæ-хъомылдæртæй, сæ сырх тугсой æддæмæ бырста раст, ахæмтæ радта (ныр дæр йæ цæстыты раа ; 106
фегуырдысты, сæ ад фæстæмæ йæ зæрдæйыл амбæлд, æмæ йæ комдæттæ æруадысты), бульвары бандоныл фæрсырдæм — цæмæй йæ къæхтæ хъæдын сты, уый æргом бæрæг куыд нæ уа, афтæ сбадт, æмæ хордта æрыскъæфтæ æмæ цæуджытæм каст, цæуджыты æхсæн йæ цæст фæстиат кодта æлвæст- гуыр чызджытыл, уæлдайдæр ын йæ цæст сæхимæ сайдтой сæ ибкæты къæрттытæ — сæ рæсугъд зæнгтæ-иу фегом-фæзын кодтой уырдыгæй, зæр- дæйы монцтæ цыбæлгæнæн, коджы ма се ’ппæтыл дæр сау нывæфтыд хыз~ быд цъындатæ — барæй сæ цыма лæппуты мæстæймарынæн æрхъуыдычын- дæуыд. Фæлæ уæддæр чъизи хъуыдытыл не ’фтыд, уымæн æмæ æгæр рæ- сугъд уыдысты чызджытæ, æгæр хæларцæстæнгас æмæ хъæлдзæг, æгæр дзæбæх æмæ хæларзæрдæ сæрдыгон изæр уыд дунейæн, хæрзæфсарм уыд туг дæр. Æмæ афтæ æнцад-æнцойæ, миназдзыд фендджын-зондджынæй бадт, æмæ уыд иунæг, æмæ уыд æппæт дукейы адæмимæ, удæгæстæ æмæ мæрдтимæ — дыууæтæ дæр æй зæрдæбынæй бамбæрстаиккой, ницы хæрам ын ссардтаиккой йæ хъуыдыты, йæ зæрдæйы уаджы: уыцы сахат ,уыцы æну- сон уысм æппæтмæ дæр æкæхъола фæкастанд, лæгæн бегераеæсæрæг бард- уæгтæ, лæгæн æхсаргæнджытæ, лæджы дæлбаргæнджытæ кæй ис, йе- ’рдзон амондæй йæ æнæхайгæнджытæ кæй ис, Адæмы Æфсорм, Адæмы Фарнæй уæлдай ма йын цæхгæрæй зонд амонын, уаг æмæ царды æгъдау амонджытæ кæй хъæуы, уыцы уавæр сæм æцæг æнæхъола æркастаид, фæлæ та йыл зæрдæхъыгæй басастаиккой, сæ бон аивын кæй ницы у — уымæнг. æмæ сæ амæйразмæйы фæлтæрæнтæй ницы рауад, иу тыхгæнджыты сухьв цагъд фæкодтой хуыздæр æмæ сæрибардуг цардæнхъæлæй æмæ сæ тохæм- бæлттæ, æмæ ,йæхи сæ тохæмбал æрмæст сайдæй чи хуыдта, уыдон фыл- дæрæй,— кæуылты фылдæрæй! — се ’ккой абадтысты, царды быдыртæ, хи- зæнтæ, уыгæрдæнтæ, сойджын сæрвæттæ сæхи бакодтой, бапарти сты æмæ раст зондыл æрмæстдæр сæхи зонд банымадтой æмæ ма исчердæм фен- къуысæн ис, æндæр ныхас ма Ныхасы ракæнæн ис, уый йæ фæсонæрхæджы дæр никæмæнуал уыд,— ахæм тас бацыд уæнгты, ахæм тас бацыд туджы, æмæ йæ ныр цалдæр фæлтæры лæг йæ мады гуыбынæй рахæссы йемæ: Се- мы загъдау, гадзайы къæбылатæ йæ Хуылфæй рæйын райдыдтой. Æмæ уыцы тасæй дæр уыцы сæрдыгон изæр уæгъд уыд, йе ’рдзон адæймаджы туг дадзинты æнæстъæлфгæ уад, кæд-иу, йæ фæндæгтæ афтæ. кæй фæцыбыр сты, йæ къæхты къуыдыртæ йын зонды ауазæнтау кæй систыг ууыл-иу бадис кодта йæ туг мæхинымæр æмæ-иу кæд хатгай йæхæдæг дæр, йæ хауд къæхтæ йæ куыд схордтой, уый фæхатыд æмæ та-иу йæ хъæдын къæхтæ æнæрхъуыдыйæ аныхта (фыны дæр ма сæ раст афтæ фæныхы — фæтоны), уæддæр ын амонды æмсæр удæнцой сахат уыд уый — æмæ æвæп- монæй каст цæуджытæм, чызджыты цæстмæ æрра тугæй æдзæлгъæд хъæ- рæй худæг лæппутæм, сæ фырдзæбæхæй амондæнхъæлцау, амондыл фида- рæй æууæндаг хъал чызджытæм, цардæфсæст æрыгон сылгоймæгтæм æмæ, цыма уыдоны æхсæнмæ искæцæй æрбахауæггаг сты, æвæткæй сæмбæлæг цыма сты сæ куывды, ахæм фæллад, къæмдзæстышуыз ас адæммæ дæр каст æмæ йæ маст иннæ хæттытау æнæхъæн дунемæ нæ фыхт, йæ туг иннæ хæттытау знæт нæ уыд, урсбæлонау æнцад бадт йæ уд йæ мидæг, кæ дза- гъултæ кодта арв æмæ зæхмæ, кæд æй тынг фæндыд, цæмæн йæ ацы дзæ- бæх ирон саурæсугъд чызджытæй исчи куы уарзид, ныр йæ фарсмæ уый дæр æнцад-æнцойæ куы бадид æмæ йемæ тыппырфарс, тугсойæ ратъæп- лæввонг сырх, сау дзыгъуыртæ æрыскъæфтæ куы хæрид æнцад-æнцойæ №
аэмæ иæ лæппуйæн, йæ уарзон лæппуйæн къæхтæ кæй нæй ,уый йæ фæсо- нæрхæджы дæр куы нæ уаид - давгæйæ йын, мыййаг, нæ ахаудысты, хæсты быдыры сæ фæхьуыд, стæй æнæкъах диссаг нæу, сæрхъуаг, сæрхъæн-зонд- Чух куы нæу исты; уый нæ, фæлæ ма дзы сæрыстыр дæр у йæ хæстон уар- гзон лæппуйæ: уартæ домбайуæнг æмæ фырæнæнизæй сæлхæр лæпутæ, сы- ;махæи ясчи Уым уыд, сымахæй мын бирæтæ базыдтой нæмгуыты къуыззитт æмæ топпыхосы фæздæджы цъæхснаг ад; æмæ йæ уый кæд тынг фæндыдг уартæ йæ уыцы дзæбæх ирон саурæсугъд чызджытæй исчи куы уарзид, уый, уæддæр йæ зæрдæ хæлар рухсæй дзаг уыд, хæлар дуне уыд йæ уды арæнты, мидæгæй, мал донау — мæнæ æнæуддзæф бон мал дон куыд сабыр вæййы, афтæ уыд йæ туджы ахаст, æмæ уарзæгой цæстытæй каст тезгьогæ- лæг адæммæ. Уалынджы... Бæгъгъæтцæст, хæлиудзыхæй аззад, хæлиудзыхæй! Зæрдæ бакатайаг, фефхæрд-фæмæгуырхуыз. Рухс изæр та иннæрдæм фæци — йæхицæй ныхъ- хъал. Арв та цинæй мард. Бæлæстæ та сæ базыртæ-къабузтæ бзтылдгой: «.фцрцинæй сæ стæхын бафæндыд. Æмæ æнæрцæф лæппутæ дæр сæлхæртау *гал худтысты. Æмæ гуырвидауц æнæфау чызджытæ дæр сæхи цæсты нал ахадыдтой, сæхимæ дæлæсин-уæлæсин фыдгæндтæ, фыдцъылыстæ æркасты- сты. Дидинджытæ дæр цыма сæ буц сæртæ æркъул кодтой. Уый æрцæйцыд уыкгты. Чызг—сылгоймаг. Бæгæныхуыз даргъ дзыккутæ. Диссаджы аив къубал ын. Ирдцъар рæ- сугъд цæсгом. Аис стыр сау цæстытæ. Алæмæты хæрзконд гуыр. Райдзаст риутæ. Нарæг æмдымбыл астæу. Фæтæн, аив фæтæн синты æвæрд — цæс- тытæ сыл афæстиат уой, уый зæрдæмæ æнæфсарм нæ каст, къæмдзæстыг дзы нæ кодта: Хуыцау æй цæсты цин, зæрдæйы рухсæн сфæлдыста афтæ уындджынæй. Ахæм рæсугъд уыд æнæхъæнæй дæр, афтæ тынг рæсугъд уыд, æмæ иунæг уыцы удæн уыйбæрц хæрзты бацæуын хуыцаумæ хъулон ми куыд нæ фæкаст, иннæты зæрдæхудт райсынæй куыд нæ фатарст, иуæн уый æгæр бирæ кæй у, æгæр бирæ хуртæ æмæ мæйтæ иу удæй уый хай кæй фæкодта, уый хæрамыл куыд нæ банымадта — мæгъа. Уый фаг уарзт иу лæгмæ куыд разындзæн, уый сæрыхицау цымæ йæхи искуы амондджын схондзæн — нæ тæрсдзæн ацы цыбыр цардæй, цардæн йæ æлгъыстаг, йæ хъæстаг цыбырæй! Стæй... Стæй йын йæ зæрдæ нæ рæхойдзæн, æндæр сахъ лæппутæ йын-иу йæ зæдмæ сæ зыд цæстытæ куы фæзынг кæной, кæ- фойы дзаг цæхæртæ-иу ыл куы басæххæтт кæной, уæд! Уый уарзонæн нæ бæззы. Уый бинойнагæн нæ баззы. Уый уарзын нæхи- мæ ирон уарзт нæу — уый æнусон дойны у. Уый дойныйæ денджызы дон у: бирæ у, æгæр бирæ дæр ма уг фæлæ дзы дæ дойны ма суадзай. Æ, дæ рыг скалай, гъе! Æ, дæ хæдзар фехæла, гъе! Æ, дæ бон ныкка- лай, гъе! Иæхæдæг та йæхимæ кæсын куыд фæразы, йæхæдæг? ЯЙæхæдæг та йæхи куыд æнкъары, куыд! Æмæ уæддæр цы хорз у, ирон чызджы афтæ рæсугъд кæй скодта, æм- бал кæмæн нæй йæ дæсны бавнæлдæн, уыцы æрдз, уый уæддæр куыд æх- сызгон у! Фæлæ ныннуд кодта Гæрæмы. Сæнæбон, сницæйаг æй кодта бынтон- дæр йæ мæгуырæй æддæмæ ма йæхи цæсты. Бафхæрдта йæ барæнæбары, æвæндонæй. Куыд суа ныр уый фагг уый цæстыты ахадгæ фаг уындджын æмæ кондджын, ныфсджын æмæ къаруджын, уый фаг зæрдæджын æмæ 108.
цардтыхджын, адæмыл барджын, адæмæн кувинаг, адæмæн тæхудиаг! — Уый — æрмæстдæр ахæм лæг бæндавдзæн! Æпæт уыдæттыл ныффæстиат сты йæ хъуыдытæ, машинæйы рудзынгæй æддæмæ æдзæмæй куы каст, уæд. Ахæм у ацы æгæрон хур бон дæрг уы- цы чызгау ахæм. Арвы уæрæхы нæ цæуы йæ ирд рухс, æнхъæвзы цæстæх- хæсгæ дунейы арæнтæй дарддæр æмæ лæджы риссаг зæрдæ йæ фæдыл сайы, дудын æй кæны, рæхойы йæ ’нæрцæугæ амондæнхъæлцау зæрдæдар- дæй: нæй лæгæн рухсы арæнты фале æкдæр, зæрдæфæлмæндæр амонд «æй, уæддæр æм йе ’нæзондæй бæллы, тырны йæм йæ мидсæнтты, йæхи- цæн æй уырнинаг кæны уыцы æнæазым дуне, æнæхæрам æмæ æцæг адæ- мы цæрайæ цæрæг хицаудзинад, адæмы хъыджы бацæуынæй йæхи хизæг паддзахадæн уæвæн ис, зæгъгæ, ахæм хъуыдыйæ йæ зæрдæ буц кæны. Æмæ уыцы хъуыды дæр, хуры рухс æппæтæй йæ зæрдæйы куыд нæ цæуы, афтæ уыцы сæнтдзæф хъуыды дæр йæ зæрдæйы уырнинæгты нæ цæуы, нæ дзы бынатон æмæ хæдзарон кæны — æмæ йæ уый æргæвды, йæ зæрдæйы сфæлынд хорз, æнæхæрам хъуыдытæ худæг кæй сты, сæнттæ кæй сты уæз- заузонд адæмæн, алцыдæр сфæлтæрæг цардæн, уый йæ ссæнды, уый йæ удхайраг кæны æмæ йæ уый ардауы галиу зондыл, ома адæмы æрхъуыды- гонд закъонтæ куыд æгъатыр сты дæу хорз зæрдæйы равг халгæйæ, дæ уд дын лыггæгтæгæнгæйæ, ды дæр афтæ æгъатыр сырдæмхиц лæг у, зæгъгæ, адæм дын дæхицæй, дæ налатæй куыд тæрсой æмæ кæрзой, зæгъгæ, йæ ахæм фыдæхджын уагыл ардауынц, мастисæн фæндаг ын ногæй ногмæ ад- джын кæнынц, хорз зонды фыдæнæн адджын! Æнæуи дæр къуындæг у, хуры рухсау лæджы рухсæн дæр къуындæг у дуне, уæд ма йын æй цæмæн уынгæг кæнынц, цæмæн! Цæмæн сты уæз- заузонд адæмы цæсты йæ зæрдæхæлар хъуыдытæ дзæгъæл сæнттæ! Æмæ — чи! Чи йыл хæссид йæхи худæгæй, чи! Рыст чи нæ зоны, уыдон! Фаг рæвдыд нæй дунейы армы, афтæ дæр лæджы фаг рæвдыд куы нæй зæххон царды армы, уæд ма... Нæл род райгуырд — гайлагæн. Æмæ уый дæр хъæуы. Хъæуы. Фæлæ уымæн, родæн сойдзаг былтæй афтæ ма дзур, цæды галы амондæй уæлдæр амонд нæй хуыцауы рæбын дæр, зæгъгæ, Кæйдæр æфсондз ноджы уæз- заудæр у, зæгъгæ, йын зæрдæтæ æмæ ныфсытæ ма ’вæр уыцы гайлаг ро- дæн. Лæгæн дæр æнæ ифтыгъдæй, æнæ æфсондзæй, æнæ фæллойгæнгæ, æнæ Æфсæддон Хæс фидгæйæ — нырма цæрæн нæй, фæлæ йæ уæддæр сайгæ ма кæн, сайгæ! Иумæйаг сты, æппæтæн дæр иумæйаг цытджын хъуа- мæ уой уыцы фиддонтæ æмæ цардвæткы уагæвæрдтæ. Фæлæ сæ иугæр се ’рхъуыдыгæнæг йæхиуыл нæ бары, йæхи цоты æмæ дзы йæхионты хизы, йе ’мсæр, йе ’мкад, йе ’мпартион адæмы дæр хуымæтæг рæстзæрдæ адæмæй уæлдæр кæны, фаллаг бæрзонд былмæ сæ йæ фæдыл ивылынмæ амидин кæны, мах хуызæттæн уагæвæрды арæнтæ цæлхдур не сты, зæгъгæ, уæд, уæд... Мачи йын кæнæд былдауан ныхæстæ! Нæ йæ хъæуы намыс. Мачи йын кувæд! Никæй тæригъæдтæ йæ хъæуынц,—мачи йын фу-фу кæнæд йæ арыд удыл, мачи йын сæрдæд сойæ йæ сыгъд былтæ! Ацы хъизæмары бæсты, йæ уды ныры хъизæмары бæсты Уым куы фæ- мард уыдаид, Уым —уæддæр арыд, мард куы у уæддæр йæ уд, куы нал т
бæззы адæймаджы удæн: нал æй уырны рухс фидæн, нал æм уырны абюньй рухс дæрг нал! Туг ныбадт йæ цæстыты. Бацахст туг йæ зæрдæйы. Мæнæ ацы ирд бо- ны рухс дæр—диссаг!—хуры туг у, хуры туг: тæнæг тæнгъæдæй ивылы ду- нейы кæрæттæм... Хæрам дуг у ай, хæрамгæнджыты фæндæгтæ лæгъзгæнæг, уыдоныл ау- дæг дуг у ай. Хæрамгæнджытæ йын бамбæрстой йæ уаг, базыдтой йын йæ цæуæктæ, йæ рындзтæм, йæ фаллаг, бæрзонд былмæ схнзæнтæ, сахуыр ык кодтой йæ лæхургæ æвзаг, æмæ, мах дæр адæмы кæддæры хæрзæджытæй стæм, зæгъгæ, бапарти сты. Иннæты та уый дæр, парти дæр нæ хъæуы — афтæ дæр сæ кæком кæнынц. Мæнæ адонау... Адонау... Йæ сабидуджы æмбæлттæ. Иу сыхы схъомыл сты. Иу скъолайы ахуыр код- той. Иумæ уыдысты сырхгалстукджынтæ. Иумæ бацыдысты фæскомцæдисы рæнхъытæм. Иумæ се ’сæфт уыдтой скъолайæ дæр, фæскомцæдисы цæстмæ- ми хъуыддæгтæй дæр, иумæ худтысты Маршæлы тыххæй анекдоттыл дæр— фæлæ уæддæр нумæ, куыд рабæрæг Уæд, афтæмæй иумæ никуы уыдысты. О, йæхæдæг дæр худт, йæхæдæг дæр йе ’сæфт цæмæйдæр уыдта. Фæлæ... Фæлæ йæ уæддæр уырныдта, фæскомцæдксы æцæг разагъды гуырдтæ дæр кæй ис, кæй уыд; партийы дæр æцæг æфсармджынг адæмы цæрайæ цæрæг лæгтæ кæй ис, кæй уыд; Маршæл дæр æцæг зæрдæхæлар дзæбæх зæронд лæг кæй у, сыгъдæгзæрдæ партион, Ленинæй æфсæрмыгæнæг; уырныдта йæ, йæ Райгуырæн Бæстæ ,æцæг сæрыстыр кæмæй уай, уыцы бæстæ кæй у æп- пæт дунейы бæстæты ’хсæн, уый йæ уь;рныдта. Фæлæ... Сæ рæбыктыл йæ къæхтæ нæ ахаудтой, йæ къæхтæ — йæ уд басыгъд бындзарæй, бындзарæй йын æй судзы хæрам, æдуидаг бындзарæй! Æмæ мæнæ цы адджын у мастисын! Мæнæ цы адджын у мæлæт, дæ маст райс, дæ маст ссæуæд æмæ уый фæстæ сау мæлæт дæр мæнæ цы тæхудмаг у — уымæй тæхудиагдæр ма йын кæд кæддæр коммунизмы рухс бæрзæндтæ уыдысты. Коммунизм — йа! — Ха-ха-ха!—хъæрæй ныххудт сæлхæр худтæй.—Ха-ха-ха! — Цы кодтай ныр та! — худгæйæ йæм бакастысты . йæ дыууæ ’мбапы, фæхъæлдзæг сты уыдон дæр, сæ пъæззыйæ феуæгъд сты, фæуæнгрог æмæ фæзæрдæрог сты,— Худын кæуынæй кæуылты хуыздæр у! — загътой, сæ уæнгтыл схæцгæйæ. Нæ сын æй загъта, цæуыл ныххудт, уый: сæрхъæн у, коммунизм уыдзæн, уый дæр æй зæрдиагæй уырныдта. Уый дæр дæ бауырнæд, уый! Афтæ ма дзы лæджы зонд гыццылæй фæстæмæ сгалиугæнгæ фендæуыд! Ныр фæхъæлдзæгдæр сты йæ дыууæ ’мбалы дæр. Ныр сæ гаччы абад- тысты. Ныр та сæм ногæй бахъардта, цард дыууæ боны йеддæмæ кæй нæу æмæ мæнæ ацы бон цыбыр цардæн йæ хуыздæр дзæнæты бонтæй кæй у, уый. Æмæ сæ фæндаг хъæугæрон рестораныл ракодтой. Хæрд, нозт райстой семæ. Ацы хур бон афтæ дæскызрм чи сфæлдыста, уый ном ссардзысты, рух- саг дæр зæгъдзыстьв, йæ рухс дуне далæ кæл\дæр кæуыл ба-алынг, уымæн— ма фестъæлфæд, ма æрзилæд иннæрдæм мæрдты: цард цард у, удæгасæй сæхи дæр куыд баныгæной, ахæм судзаггаг мард нæма ’рцыд, схудæн кæм нæма уыд (кæд Сталины мард уыд ахæм, о, стæй нæхи Иссæйы), æмæ уæдæ изæрæй — фатермæ æмæ — чызг раив-баивæй, дæ ус-мæ ус, мæ ус-дæ усæй
хъазт. Гæрæмы дæр кæд бафæнда, уæд ын æрбахондзысты æмæ ма йын бæгъдулæджы бар ма раттæнт уæдæ... Куыддæр сыхаг хъæу фæндаггæрон бæлæсты æхсæнæй разынд, афтæ йæ Гæрæм фæхъуыды кодта, диссаг: æрмæстдæр æй абонсарæй ныр фæ- хъуыды кодта, ныр æрлæуыд æрмæстдæр йæ зæрдыл — уый се старлейы* хъæу куы у! Баздæх сæм, базон, цымæ цы фыссы... Цы фысдзæн уый... Фыс- дзæн, цы æмбæлы, уый: тынг разы нæ сты бынæттон мæгуыр цæрджытæ, мæгуыр фæллойгæнæг адæм (махæн уымæй фидауцдæр, уымæй ахуырдæр дзырдтæ, уымæй кæрæдзиуыл фидардæр баст дзырдтæ нæй: мæгуыр фæл- лойгæнæг адæм, фæллойгæнæг мæгуыр адæм — фæллой кæны æмæ уæд- дæр мæгуыр у æмæ махмæ гæсгæ афтæ æмбæлы, афтæ куы нал уа, хъуын ыл куы рахæца фæллойгæнæг лæгыл, уæд ма йын сойсæрст ныхæстæй тæ- ригъæд та ма куыд кæндзыстæм, уæд ма, дæ царды уавæртæ цæмæй фæ- хуыздæр уой, Созетон хицауад æмæ Коммунистон парти ууыл куы скодтой сæ куыст, сæ дзæцц, сæ бæллиц уый куы у, зæгъгæ, афтæ ма кæмæн дзур- дзыстæм, уæд советон адæм дæр нал уыдзыстæм, уæд дунейы пролетартæн хæлæрттæн дæр нал бæздзыстæм: хъæздыг мæгуыры фарслæууæг кæд æмæ кæм уыд, фæлæ ныр та нæхæдæг дæр мæгуыр фæллойгæнæг адæм æмæ æппæт зæххы цъарыл мæгуырæй цæрæг фæллойгæнæг адæмæн стæм сæ хуыздæр æмбæлттæ, сæ зондамонджытæ). Æмæ фысдзæн йе старлей, тынг разы нæ сты бынæттон цæрджытæ, зæгъгæ, сæ ирвæзынгæнджытæ нæ хонынц, стыр хуыцаумæ кувæгау сæ цæгатаг Стыр Æфсымæрæн кувынц, зæгъгæ. Æмæ куыннæ! Уый сæ сахуыр кæндзæн, кус, кус, кус, æмæ рухс фидæны фынтæй дæ зæрдæ хъал уæд; кус, кус, кус æмæ, де рагъ гом, дæ гуыбын хус — уый сæ къухы куыд бафта, уый сæ къухтæй ахауын, уыцы амондджын цардарæзт сæ къухтæй бирæ дæсгай азты хауын куыд нæ бауа- дзой, ууыл сæ сахуыр кæндзæн сæ цæгатаг Стыр Урс Æфсымæр! — Ха-ха-ха! — нал та баурæдта йæ кудын. — Ха-ха-ха! Цæуылфæнды худ, уæддæр нын кæугæ мауал скæн,— ных- худтысш йе ’мбæлттæ дæр. Кæугæ — нал скæндзæн. Уый бæрц цæссыгæн иу бонмæ куыд ис фез- гъалæн, кæд бон афæдзы дæргъæн у, уæддæр. Разæй та йæм цард кæй æн- хьæлмæ кæсы, æдзæссыг цард, уый йæ уырнгæ дæр нал кæны æмæ йæ стæй уырнгæ дæр цы ныфсæй бакæна — цы бæрджытæ уыны йæ фидæны царды ахæм æууæнкæн! О, гфтæтæ-йедтæ фысдзæн сæ хистæр лейтенант йæ бинонтæм, æндæр сæм уæдæ, уал æмæ уалæй ма æрмæст дыууæйæ кæй раирвæзтысты, уый тыххæй ныффысса, йæхи сæлхæрдзинады аххосæй, йе ’фсæддоны коммæ куыд нæ бакаст, йæ сæрмæ йæ куыд не ’рхаста, æмæ йæ йæ сæрмæ кæй не ’рхаста, уый тыгхæй сыл цытæ æрцыд, уыдæттæ ныффысдзæн! Нæ фæхъал уæд йæхицæй, нæ ныббуц уæд йæ зондæй — йæ зæрдæ йæм уый тыххæй не ’хсайы. Бакаст уæд старлей йæ коммæ, зæгъгæ, уæд цы2 Иннæ минтæ дæр уый азарæй фæцагъды сты, æмæ сæ къамандиртæ сæ салдæтты коммæ нæ бакастысты! Маршæл дæр дæу куыд нæ бафарста, ар- вита Уырдæм æфсæдтæ æви ма банхъæлмæ кæса, зæгъгæ, уымæй дæу куыд нæ бафарста! Ничи у адæймаг, ницы у адæймаг, салдат у адæймаг, æбар салдат — сал- * Старлей — старший лейтенант ома. Ш
датау æй зондæй фæрсæг нæй. Æмæ адæм дæр уынаффæйæ — сæрибар* адæм, нскæй уынаффæйæн — дæлбар адæм æмæ уæдæ уый дæр цæуыл цæгъды йæ гæндзæхтæ, цæуыл хæры йæ физонæггокд удг цæй маст исыны мæт æй ис — куыд æй райсдзынæ æмæ йæ кæмæй райсинаг дæ комкоммæ: нырма уыцы гайлаг абоныккон род дæ, нæма сахуыр дæ æфсондзы бын, фæлæ дæ бадомдзæн, æрæхсæстытæ дæ кæндзæн цард æмæ æгæр дæр ма коммæгæс æрфæлмæнтæ уыдзынæ, æмæ уал мæнæ ныр дæр æрфæдмæн — æрсабыр у æмæ мæнæ дæ уарзон æмгæрттимæ дæ рæвдыдстонг зæрдæйы удхосæи ацы дзæнæты бон дæхи æнæмæт æмæ æнæсагъæссаг уæлæуон ду- нейы цæрæгæй банкъар, зайæгой халау æнæмидстъæлф суы,— уыцырдæм та айгæрстой фæндаг йæ хъуыдытæ æмæ йын фенцон, фæафтидриу, фæафтид- зонд, фæкъуырма, фæджих, мæнæ йæ цæгау æнæнхъæлæджы æрымысæг чызг сылгоймагау — æвыдæх хур боны æвджид бакодта йæхи, лæгыл цы ’рцæуиизг у æмæ йын хуыцауы æвастæй фæивгъуыйвзн цæмæй неай, уыцы тæрхонхасты рæстдзинадимæ зæрдæсаст æмæ ныфсæууылдæй сразы: иугæр кæм нал х’ъуыды кодта, уым амард æмæ уыцы æнæмæт æмæ æнæсагъæссаг уысм æнусон æнæмæлæт цардæй цард йæ дзæбæх адæймаджы уд — тынг хæстæг æййæфта ныр йæ алфамблай æрдзæн. Фæндаджы дæлбыл цъæх фæз æрдузы астæуæй Ленины цыртдзæвæн фæзынд, урсæй ферттывта. Æмæ йæм фæкомкоммæ æмæ йæхимæ ног хуы- зы рыст банкъардта: уый, Ленин, йæ къух размæ айтынг кодта, размæ, Ху- рыскастмæ — йæхæдæг дæр тындзы размæ æмæ йæ уырны; йæ фæдыл дзыллæтæ разæнгардæй кæй агуылф кодтой, йæ хорз зонд, йæ хорз зæр« дæйæ йæ хорз æмхъуыды адæмæй цы парти бамбырд, бангом кодта бирæ цардвæндтæ æмæ ног тæхудиаг царды сæрзæлтау бирæ тохты, уыцы парти сæ разæй, афтæмæй дзыллæтæ, дунейы дзыллæтæ йæ фæдыл йæ амынд раст фæндагыл агуылф кодтой, зæгъгæ. Афтæмæй та... Афтæмæй та фæстæмæ куы ракæсид, стæ-ма, ай мæ фæдыл куы ницы уынæр хъу&ык, кæд иунæгæй аззадтæн, зæгъгæ, уæд... Æмæ уыцы хъуыдыйæ срыст æнæнхъæлæджы йæ зæрдæсæр: сайд ыл æрцыд Лениныл дæр, афæлывтой йæ йе ’мцæдисон тохæмбæлттæ, йæ фæ- донтæ — ныссаджилтæ йын кодтой йæ фæндаг, йæ фæндтæ йын ныггалиутæ кодтой, сдызæрдыггаг-сдзырддаг ын кодтой йæ хорз зонды, йæ хорз уды— эæрдæйы рухсæй равзæргæ рæстдзинад, дунеты рæгъмæ рахæссынмæ чи бæззыд, уый æмæ йыл сайд æрцыд — æмæ йын хъыг у, рыстаг ын у Лени- ны зын: уарзон лæг ын æй скодтой йæ мады æхсыримæ... Цæугæдон фаллаг бæрзонд былмæ йæхи лæгъстæхуызæй кæм бакъул, бакъæдз кодта, дæ дæлфæдтæ ранхъæвзын-ма мæ уæддæр бауадз, мæ бон дæ сæрты аивылын кæй нæу цыфæнды ивылдæй дæр, уый та æгæр хорз дæр ма æмбарын, зæгъгæ, ууылты бæрзонд былы пæлæхсар æвзистсыф гæ- дыбæлæсты къохмæ уæлбылæй бынмæ æмдзæхгæр уæрдонвæндагыл ныууа- дысты æмæ нæузæхх лæгъзы æрурæдтой. Аууоны сæ фынг æрцарæзтой, ссардтой зæххыл æппæтдæр сфæлдисæджы ном, се ’нафоны зынгхуыст хъæуккагæн, кæд иттæг зын у, уæддæр рухсаг загътой, æндæр цы у сæ бон — Уырдæм æй чи арвыста, уый йын мæрдты фæлдыст дондзуан бæхæй фæцæуæд. Стæй йæ дыууæ ’мбалы сæ дарæс феппæрстой, хурмæ ма абад- тысты æмæ куы стæвд сты, уæд ныттæррæстытæ кодтой донмæ, хъазгæ-худ- гæйæ сæхи фæнадтой, фæудæстой сæхи æмæ æхсызгон куы æруазал сты се ’гас уæнгтæ, сæ фидар, цардæфсæст, æнæниз рæсугъд уæнгтæ, чызджыты 112
æлхæнгæ рæвдыдтæй æфсæст уæнгтæ, уæд схылдысты донæй æмæ былгæ- ронмæ хæстæг хурмæ цъæх нæууыл схуыссыдысты — йе ’мбай гайлаг родтæ, "фæлæ та уыдоны сæ фыдæлтæ æфсондзы бынæй дæр фæтылиф кæндзыс- тыг стæй тй адон дæр сæхи фыртты алы цардфиддонтæй фæдзæхсдзысты: æнæ мах дæр, дам, æдылытæ хъуаг никуы суыдзæн паддзахэд, æдылысæр бæрзæйджынтæ хъуаг —мах та, дам, цæрын-хæрынæн райгуырдыстæм, ацы дунейыл, нæ уæлейы бадæг бардуæгты бар куыд цæуы, мах хъомысы бар дæр ыл афтæ цæуы. Гæрæм йæ уæраджы сæрмæ æркаст: хæлафыл рыджы мур згъоры, ры- джы мур йеддæмæ ницы у, фæлæ згъоры, æнæвдæлон хъуыддагхуызæй тъæбæртт кæны—уд ын ис уымæн дæр таг уд! Цæрæг уд у уый дæр! Йæ- хи дуне ис ацы дунейы уымæн дæр æмæ уый дæр афтæ зæгьы, мæнмæ дæр цæрыны бар кæм æрхаудта ацы дунейы, уым æм æз дæр цыдæр ком дарын, мæ бар дæр ыл цæуы: æз дзы куы фæхъæуон, уæд дунейæ,— куыд æнæкæрон стыр у, уымæ йын ма кæс,— æз, мæнæ дзы æз, рыджы мур, куы фæхъæуон, уæд æнæкæрон стыр дунейæ егъау цыдæр фæхъæудзæн æмæ мæнæй фæкъахыр уыдзæн, уымæн æмæ æз дæр, мæнæ æз дæр цар- дæгас дуне дæн. Хилæгой... Згъорæгой... Æрæлхъывта рыджы мур йæ амонæн æнгуылдзæй æмæ ницы банкъард- та, æппындæр ницы. Æркаст йе ’нгуылдзы уырзмæ — ницы йыл уыд. Фæд дæр дзы нæ баз- зад. Атад. Фесæфт. Уæвгæ дæр цыма нæ уыд, афтæмæй тæккæ æрдæбон дæр ма уыцы æнæвдæлон хъуыддагхуызæй кæдæмдæр тындзыдта. Рыджы мУРг удæгас рыджы стъæлф... Ницы аивта дунейы... Хур нæ фæцудыдта. Арв нæ фæтар. Зæхх нæ нык- кæрзыдта. Цæугæдон йæ иугæндзон хæл-хæлæй нæ фемыр. Ницы аивта ду- нейы... Фæлæ йæ нæ уырны, нæ йæ уырны, ницы дзы аивта, ницы бæллæх дзы æрцыд, уый — уæд ыл нæ хъуыды кæнид. Адон раст дыууæйæ дæр бафынæй сты. Дæлæ сæ хид буартыл бын- дзытæ абадынц, мæлдзыджытæ сын сысмудсысмудгæнгæ сæ хидæйдзаг фæ- сонтыл згъорынц сæ хъыдзыгæнаг къæхтæй — нымады дæр сæм не сты нæ бындзытæ, нæ мæлдзыджытæ. Бæлæсты аууон сæм æрбахæццæ, аууон сьш йæ тæнæг тар зæлдаг æмбæрзæн рогæн баппæрста — нал сæ басудздзæн хур, не сдондæппал уыдзысты сæ лæгъз, æнæхæлмаг буæрттæ. Цæмæн фегуырд, кæцæй фегуырд йæ сæры уыцы хъуыды! Йæхи йе ’мбалы дарæсмæ байвæзта, аппæрста пинджак иуварс æмæ йын йæ бынæй дамбаца æд æрдæггом хуымпъыр, æд уæхскыл æфтаугæ гæрзрон æрбайста. Суæгъд кодта дамбаца, сифтыгъта йæ. Фидар ыл æрхæцыд. Æхсызгон хъæр- муст у йæ хæцæн, йæ уырынгтæ пластмассæ хæцæн — йæ мидæг нæмгуытæ адзалы ифтыгъдæй æддæг-уæлæ хуыссынц, ферраввонгæй, баст хъæхъаг куыйтау. Йæ къух рахиз цæстæмвæз размæ ныттынг кодта, ныхъхъавыд æм- байлаг тала бæласы сæнтцъæх зæнгмæ. Нæ ризы йæ къух, нæ фæллайы йæ цæст, хорз ахсы хъавæны цыргъ рагъ. Дамбацайы сау дзых цадæггай лæппутæм æрбазылдта... Уæрæх, æнæ арæнтæ уæрæх бæстæ — дуне. Уартæ хæхтæн сæ фæздæг цыма кæлы: тæнæг цъæх мигъ сæ сæрмæ сбадт. Уæртæ Тъæпæны быдыр цы- ма къæйдурыл æвæрд у: уæлдæф йæ сæрмæ тыбартыбургæнгæ фæйлауы. Уалæ къуыбырты хуссарварсыл хъæуы хæдзæрттæ алырдæмты апырх сты, 8 Мах дуг М Ю иа
стæй цыма сагъдауæй аззадысты, хур сæ кæм æрæййæфта згъоргæ-згъоры- ныг уым — уыйау сæхи мæрдæфсон хъус ныккодтой... Дамбацайы сау цæст йæ дыууæ ’мбалмæ дары: фехс сæ, уæд цымæ ацы уæрæх бæстæ-дунейæ исты фæхъæуид* Хур йæхимæ ницы азым æрхæс- сид, æппындæр йæхи азымы ницæмæй дарид, æз куы нæ ныйирд кодтаин мæхи афтæ, куы нæ йын сфыхтаин йæ сæрызонд, йæ сæрымагъз куынæ скæлм уыдаид мæ тæвдæй, уæд уый... Афтæ йæхи нæ зылынджын кæн- дзæн!.. Ды дæхи цы стыр азымы дарыс удгоймаг рыджы муры тыххæй, уый дæр — раст афтæ. Маршæл йæхи цы азымы дары Уымы цагъдфæсивæды тыххæй, Хур дæр раст афтæ — ахсæв бахуысдзæн, аныгуылдзæн æмæ райсом нал скæсдзæн худгæ-райгæйæ. Гъохъ! Адон та... Кæцæй фегуырдысты? Кæуылты æрбацыдысты! Абонсарæй ам æрмæст- дæр иу цæуæг фæзынд — бæхуæрдонджын, æмæ уый ам дæлæмæ куы аив- гъуыдта, уæдæй нырмæ цъиуызмæлæг дæр... Уæд адон æд лисапедтæ кæ- цæй фегуырдысты* Куы нæ дзы уыдысты ацы уæрæх афтид дунейы, уæддæр тынг хорз куы фидыдта, уæд... Куы нæ дзы уой, уæддæр дунейыл ницы ’рцæудзæн... * * * Фыд дзыхъмæ куыд каст, дзыхъы мит байдзаг вæййы, уарыны дæттæ дæр уырдæм нызгъорынц æмæ зæхх уым, дзыхъы сойæфсæстдæр уг кæр- дæг дæр уым ныр уый тыххæй цардхуыздæр у, зæгъгæ, куыд зылд йæ хъуы- ды дæрдтыл, афтæ арв фæркгай фæхауд, йæ рухс базгъæлæнтæ: нæмыг йæ- хиуыл нæма сæмбæлд, афтæ ныппырх кодта арвæй зæххы æхсæн кæрдæг- хуыз рухс рудзынг — æмæ дзы хæлофæй сау талынг æрбакалд. Раздæр сæ æхсгæ бакодта, хъуыдытæ уый фæстæ кодта, кæй сæ бах- ста, уый йæхи дæр куы нæма уырныдта, уæд уыцы афтид уысмы мидæг код- та афтæ хъуыдытæ, ома дунейы ницы аивдзæн... Уартæ фыд уæззау куырисау фæстиатгæнгæ ахауд, ныттылд дзыхъмæ, фæлæ йæ фырт (нал ын лæгъзытæ кæндзæн фыд йæ фæндæгтæ, нал æй фæтылиф-фæтылиф кæндзæн йæ фыд Маршæлы бардзырдæй, Сталин ма йæхи фырты дæр куы нæ бахызта, кæд мын уый дæр ссæдз милуаны тæри- гъæдæй хиæвдæрзтæй йæ адзалæй раздæр нæ фæхъуыд, уæддæр), фæлæ йæ фырт мæлæты рог асхъиудта, гæрах дæр æй нæма бакодта, цыма уæд асхъиудта, фыццаг гæрахы хæдфæстæ — æви гæрах æмæ уый фæлдæхт ба- иу сты! — Циу!! Иумæ фæгæппытæ ластой йæ дыууæ æмбалы. Сæ цæстыты уæлтъыфал- тæй æмдзæгъдгæнгæ дамбацамæ кæсынц, фæлыгъд сæ хуыссæг, тынг дард сын фæлыгъд. Уымæй фæстæмæ хорз ницыуал хъуыды кодта, цæстæй дзæбæх ницыуал уыдта, зæрдæ йын нал уыд æмæ хынцфæрсæгæн дæр ницыуал загътаид бæ- рæг, бæстон бæлвырдæй. 114
— Баба, баба! Æцæгæй нæ æрбахста! Мæныл нæ ауад. Куыддæр, дам- баца нæм куыддæр фæдардта, уый ауыдтон, афтæ асхъиудтон! Фыд схъæрзыд. Цы хорз у, цы амонд у, ацы дзыхъ ма кæй фæцис сæ цуры, уый. Зæр- дæрухс æмæ уæнгрогæй далæ цъæхнæуу быдыры дунейы фидауцæй фæ- цæуы бæрзогёд, цæстырухс æмæ зæрдæхъалгæнæг хæрзконд, уæнгджынтæ лæппу — йæ Фырт. Уый дардмæ дæр, цы чызг суына æмæ уый цы чызг нæ бауарза дардмæ дæр, ахæм ирон саурæгугъд нæ рантысдзæн ирон дзæ- бæх мады гуыбынæй. Уæдæ йæ сойсæрст гæды ныхæстæй сайын дæр ни- кæй зæрдæ бакомдзæн. — Баба, баба! Дæу дæр нæ акъуырдта! — бабырыд æм йæ фазыл, бав- нæлдта йæм æмæ йæм мæрдон удаист хъæлæсæй сдзырдта.— Ба-ба... Тыхтæй-амæлттæй атыдта Фыд мæлæты пъæззыйы уæззау хыз, тыхтæй- амæлттæй ракаст йæ цæстæй, тыхтæй-амæлттæй бахудт: — Мæ цæф къах куы нæ уыдаид... Ды дæ сæр ма сдар... Ма сдар дæ сæр... Цалынмæ... Цалынмæ машинæйы уынæр адард уа... Уыдзæн ма гæ- рæхтæ, фæлæ ма скæс! Ма ныхъхъæр кæн, æз куы... Æз куы нал дзурон... уæддæр... Ма ныхъ...— Æмæ ма йæ цæстытыл æппын фæстагмæ ауад: Фыр- тыл цавæрдæр æнахуыр амад сис æрбацæйфæлдæхт, фæлæ йæм ирон сис йæхи цырд фæбыцæу кодта æмæ... Фырт цы бацис, дардæр цы уыдзæн, уый ма йæ афтæ тынг фæндыд базонын, фæяæ йьш нал баитысдзæн, уый бам- бæрста æмæ аскъуыд йæ царды мæнгуд хал —бæзджын талынг æркалд уæларвæй, æмæ йæ цæстытæй сау стъалытæ удаистæй асхъиудтой. — Цы ’рцыд! Ницы ’рцыд. Ницы федтат. Акæсут-ма: дуне цы уыд уæ бафынæйы размæ, уый нæу! Æвзæр цæстытæ йын уыд, тынг æвзæр цæстытæ — рухсы цъыртт сæ нæ калд, сау туг сæ ныббæзджын. Нæй йæ хынцфарстгæнæн. Нæй фенкъуы- сæн — уæд... уæд... Дамбаца — æргъæвдæй. Лæг — нæу. Адæймаг, хатырзо- нæг адæймаг — нал у. Нæй уæлдай змæлд скæнæн. Уæд... — А-а-а... — Сæ алыварс акастысты.— Ницы ’рцыд æцæгæй дæр. Бавæр дамбаца йæ бынаты. Гилдзытæ нын, æнхъæлыс, æнæньгмадæй дæттынц? слестгæнæг фæстæмæ йæхи дæлгоммæ æруагъта. — Халæтты фехстай! Уыцы замманай фын уыдтон. Айфыццаг мын про- спекты цы æгæр рæсугъд чызгмæ амыдтай, уый уыдтон мæ фыны, уый! Бæгънæгæй. Ахæм уыд, ахæм! Нал мæ бауагътай, уый йеддæмæ — ха-ха- ха! — халсартæ уæйгæнæг дæр мæрдон фæлурсæй, кæд худгæ кодта, кæд худыны фæлтæрæнтæ арæхстджынæй кодта, уæддæр мæрдон фæлурсæй фæстæмæ дæлгоммæ йæхи æруагъта. Арв ныллæгæй-ныллæгдæрмæ цыд. Хуры рухс æнкъардæй-æнкъарддæр- мæ цыд. Дуне æрбакъуындæджытæ. Зонд баталынг. Уд ныммæйдар. Сæр бакъуырма. Хуры рухс афтæ сбæзджын, æмæ ахст тугау фæсаубын. Алцыдæр бамбæрстой, сæхи барæй æнæмбарæг скодтой! Барæй. Æмæ алцыдæр рахъæр уыдзæн — сардаудзысты йæ! Уым былгæрæттæ иууылдæр æмвæз сты, æрмæстдæр Уым сты былгæ- рæттæ æмвæз — сыхаг бæстæйы, царды сыхаг, хæрзсыхаг бæстæйы, æцæг дуне бæстæйы. 115
Раздæр сæ æхсгæ фæкодта — хъуыдытыл, афтæ хъуыдытыл уый фæстæ, афтид уысмы мидæг фæцис. Ницы йæм хъардта, цалынмæ йæ цæстытыл æнæкæрон бирæ дзыллæтæ нæ ауадысты, сыхæгты сарайы сæрыл бадæг бæ- лæтты нæ ауыдта, кауы рæбын пысыраты æдцъиу карк нæ ауыдта, йæ уæра- джы сæрыл йæ удæй бацæуæг рыджы мур нæ бафиппайдта æмæ сылгоймæг- ты сау марой нæ фехъуыста, уæдмæ йæм нæ хъардта, цы бакуыста, уый — цыппар мардмæ цас мæрддзыгой... Цæф сырдау, цæф хохау ныхъхъæр кодта. Иæ цыппæртыл машинæмæ бахылд, скусын æй кодта, сарæзта йæ æмдзæхгæр хæрдыл уæрдонвæндаг- мæ — йæ мады-ма фена, фена-ма йæ мады, йæ хойы-ма фена, йæ гыццыл хойы, йæ фыды, йæ рыстзæрдæ фыды-ма фена, стæй... стæй... Машинæ æрдæгмæ схæццæ, æмдзæхгæр къуыбыры æрдæгмæ æмæ — ахуыссыд. Æмæ — фæстæмæ ратылд. Стырындз. Раздæр доны былыл ауын- дзæгæй аззад йæ раззаг цæлхытыл — дуар фегом æмæ Гæрæм донмæ ных- хаудта. Был æркалд. Машинæ йæ уæлæ ныххауд, йæ хъæдын къæхтæ цæл- хыты бын фесты. Машинæ йæ цыппар цалхыл лæууы. Дон йæ бынты мæстыгæр хъуыр- хъуыргæнгæ абухы. Доны бынæй йæ домбай гуыр сивæзта, йæ къухтæй дуа- ры къæсæрыл фæхæст, стæй йæ иу къух феуæгъд — нæ дзы арæхст хæцын- мæ, иу къухæй хæцы. Кæдмæ! — Фæ-ди-и-и-ис!!! Чи йæ фехъуса’ Кæй хъæуы рыджы мур? Кæд удгоймаг уыд, уæддæр — рыджы мур... Бæхуæрдон æрбатæхы. — Баба!!! Мард у йæ баба — бамбæрста йæ. Чи сæ æрбахста, чи сæ æр... чи йæ амард-а, уый... уый уартæ, уартæ уый... Машинæйыл ма иу къухæй... Йæ къæхтæ та... — Ныртæккæ дæ æз! * * * Бæхуæрдон æрбахæццæ. Бæхы цæстытæ рабырыдысты. Лæг æргæпп ласта, рацахста гыццыл лæппуйы, æрбатыхта йæ йæ хъæбысы. * * * Дон абухы, Гæрæмы риу сынæгæй цæвæгау цæвы. Йæ къух феуæгъд. Машинæ фенкъуыст, йæ риуыл ын батылд. Хур. Быдыр. Уæлмæрды цур æмлæгъз цъæх быдыр. Адæм. Бирæ адæм, бирæ, цæст сыл не ’ххæссы, уыйбæрц бирæ дзыллæтæ. Сæ къухтæ йæм ива- зынц, хъæр æм кæнынц, зæгъ, дам, мацæмæйуал тæрс — зæгъ, æмæ сын зæгъы: — Ацырдыггаг у, фаллаг нæу... Ацырдыггаг у... Бæрзонд был! * • * Æнæкъæм, æнæтæригъæд æнæкъæм арвыл ныгуылæны хæхты сæрмæ царддæттæг хуыцау хур æнæрвæссонæй, æнкъард фæсмойнагæй йæ мид- былты худы. Æмæ уый барæй нæ, уый йæхигъдауæй афтæ рауайы, йæхигъдауæй... 1988 аз, май.
ХОСТЫХЪОТЫ ЗИНÆ ЦАРДЫ САГЪÆСТÆ НÆ ХЪÆУУОН ХÆДЗАР Æккойы дур, æккойæ каст сыджытæй Цы хъæууон хæдзар сарæзтам кæддæр, Æз уым вæййын мæ цин æмæ хъыджы дæрг Кæд æйг Дзыцца, ныууæй кодтам, уæддæр. Мæ уд нæ комы ратæрын йæ къуымтæй, Йæ сæрст къултыл дæ уырзвæдтæ нырма... Баба кæны æмбисæхсæвтæм пъолтæ, Æз та йæм дарын сойдзырагъ цыма... Уым уыд æппæт; нæ уарзт, нæ маст, нæ зын дæр, Æвзæр уыд, хорз — уæддæр хуынди нæ цард. Цыдæр диссагæн, уым уынын мæ фын дæр, Нæ мын кæнынц галуантæ дæр йæ ад... Уым тæрхæгыл мæ чингуытæ рæдзæгъдтæй, Ды мын сæ-иу мæ «библитæ» хуыдтай. «Дæ тыхтæ сараз ахуырмæ»-иу загътай, Мæ боныл, гъе, цы уавæрты, куыдтæй!! Мæ фадæттæ та цас амыдтой, цастæ! — Сæрдыгон зилы куысты фæдыл куыст... Зымæг та-иу бынтон ыскъуындæг н’ ахстон, Нæ уагъта уынгмæ гом сабиты хъызт. Мæ кæстæртæ, сæ иуæй иннæ къаддæр, Æнафонтæм кæд сабыр кодтой, кæд! Дæхи загъдау, нæ Бынатыхицау дæр Ныффæллад-иу сæ хъæлæбайæ уæд. Æмæ сыл-иу хуыссæджытæ ныккалдта, Æрæвнæлдтрн-ну чингуытæм æз та,— Нæ цырагъимæ ’хсæвбадæнтæ кодтам, Дыууæйæ иумæ арвы ронг нызтам... Фыццаг уарзты æнахуыр низ дæр зæрдæ Уæд бавзæрста... Йæ кæуын уыд æмыр, Æз уый хуызæн æнæхуыссæг æхсæвтæ Цæргæбонты дæр нал фендзынæн ныр... Уыд ме ’гъуыссæджы рухсы ныфс нæ цырагъ, Цы фæрстæ йыл уыд, цы, мæгуыр,— æндон! Æмбаргæ дæр нæ бакодтон-иу арæх, Нæ рудзынгыл куыд ацауындзæг бон. Ш
Цæстыйас гæбаз рудзынджы æфсонæн, Йæ фаз авгыл-иу хъазыд хур фæлмæн... О, а рудзынгыл цал сæумæрайсомы Æрбалæвæрдтай хъарм æхсыр мæнæн!.. Гъе, а рудзынгыл цал хатты лæбурдта Мæ сæууон фынмæ хъал цъиуты хъæрахст. Хылкъахæгау сæ хурхысæртæ скъуыдтой, Æдылытæ, гæрз æдылытæ, раст... Цы мысинæгтæ баззад уыцы цардæй! Æви нæ удтæй баззад уым цыдæр... Цыма сæ мæгуыр, се ’вадатæй адæм Сæ кæрæдзи дæр уарзтой уæд фылдæр. Уæд дуарæхгæдæй чи хордта йæ къæбæрП — Кæй цæхæра-иу ацæттæ фыццаг, Ыстонг сабитæн уырдæм уыд сæ тъæбæртт. Цы «сходкæтæ» уыд махмæ дæр, Дзыцца!— Мæйрухс изæрты цъæх нæууыл нæ кæрты Æмкар устытæ бадынц, сир — цæттæ... Тæхуды ’мæ ма ахæм рухс изæртæ Цæсты кæронæй чи фены уæддæр. Хъуытаз фæндыр-иу аивæзта дардыл Сыхаг Тауырзæт, гъæйтт-мардзæ, фæс-сир, Кæй уæнгтæ куымдтой зæлгæ зæлтæм бадын, Ысси-иу кæрт къæрццæмдзæгъд æмæ сирд... Кæм уыд нæ цард зындон дæр æмæ ’хцон дæр, Кæм адардтой дæ дадалитæ урс, Уый фæрныгæн куыд радтай, Дзыцца, ’нцонæй, Æви дæм нал тых баззади, нал ныфс! Дæ ракæндмæ нæ хæссын, мыййаг, азым, Фæлæ мыггагмæ зæрдæйы æрцард, Хуым кæнынафон а зæххы гæбазыл Дæ сидзæргæсы хъарм цæссыг куыд тагъд... Куыд-и«у æнтъыхтай де уæхскыл хъæллæгътæ Нæ иунæг хъугæн колхозы хуымтæй, Нæ комы рох, дæ бирæ зæнæг — мах дæр Куыд хъомыл кодтай тых æмæ фыдтæй. Уæддæр та-иу нæ фæстаг хоры муртæй Ыскодтай зад, бæгæны-иу фыхтай Сæнарæй артыл Иры дзуæртты бонтæм, ссМæгуырхуыз ма уат сыхы ’хсæн»,— дзырдтай. Хуыцауæн, дам, хъæуы табутæ, зоныг, Зæгъгæ-иу райстай де ’вæрæнтæ уæд. Хуыцаумæ хъуыст дæ кувын, уый нæ зонын, Фæлæ уыд махæн ахæм фынг нæ зæд. Нæ быгыцъæрттæ арæх хордтам дзулмæ Нæуæг хоры фæзындмæ. Ехх, уæддæр Æз бирæ хатт ысфæнд кæнын: фæцу ’мæ Уым сау халонау иунæгæй дæр цæр. 118
ФАНТАЗИ Нæ фантази кæуылты ’ххæссы, кæ! Нæ уыцы хъару сси бынтон æнæнтау,— Æрымыс цард æмæ йæ цард ыскæ, Зындон куы уа, уæддæр æй тон дзæнæтæй. Цы фантази, цы уæйыг тых у, цы! — Цы ’рымысыдтæ, ууыл фидар баууæнд, Цы скарстай, ууыл фидар зон хæцын, Æмæ зæххыл кæрдæджы хал дæр ма уæд. Хъæр кæ фæдис: æппæт дæр ис, æппæт! — Ис зонд, ис намыс, хæлц æмæ... æндæртæ, Йæ ис, нæй-ыл та ма кæ ’ппындæр мæт, Æрмæст рæвдау фантазийæ дæ зæрдæ. Рæвдау дæ ныфс. Цæмгш’ Бæрæг ын нæй. Нæ къутуйы æркадавар и не ссад, Нæ фантази та абухы фæрнæй, Мæнмæ гæсгæ, нæ уд цъæх хæйрæг фестад. КÆДÆМ Нæ цæрæн ма—мры цæрæн, Нæ фæсивæд нæ батыхсы,— Ирон та ма нæ цал и?! Йæ къона сси æнæ фарн, Кæдæм цæуæм, цæмæ цæуæм,— Нæ йæм хъары, нæ йæм хъуысы,- Æвзарæг дæр æй нал и. Лæг афон у йæ афон. Лæгау-лæгтæй, фыртау-фырттæй Сæ фылдæр нын арахъы ’вджид, Гæмхетт кæны Ирыстон, Сæ удæнцой — фыдракæнд... Дымысдæртæ, уæд тæппудтæ,— Иры инæлар — Уастырджи, Нæ жъуырмæ сæ куы систæм... Рæствæндагыл нæ акæн! дис Куыннæ бафты зæххон адæ^маг дистыл! — Цы ’рмæгæй нын ысчындæуыди удтæ! Нæ зæрдæтæн цæмæй быд æрцыд хъистæ! (Хуыцау æмæ хæйрæг нæ иумæ скодтой). Куыд уæвæн ис æндæра — абон араз Рæсугъд хъæутæ ’мæ горæттæ, у цардуарз. Гъестæй та сом дæ къухмæ райс хæцæнгарз Æмæ та йæ лæджы зæрдæмæ сараз. Хуыцауы бæсты æз хуыцау куы уаин, Æнæмæнг уæд уæларвæй зæхмæ ’ртæхин, Фыццаг уал удтæн уды хорзæх уарин, Стæй ахæстоны батæрин фыдæхы. Æндон фат ын йæ зæрдæйыл ныххуырсин, Йæ уидаг ын бæргæ басудзин арты. Сæфтæджы бынæй уарзты зæды сисин Æмæ йæ скæнин иунæг паддзах цардæн. 119
**# Ысдзурæг ныр, Рæстдзинадыл ысхуыцау... Сыбырмæ-иу дзырды тыххæй куы хастой, Уæд та нын-иу Нафиты зæронд куыдзау, Фæстæрдыгæй йæ уынæрæй дæр тарсти. Сæуæхсиды тынтæ æрпырх ысты хæхтыл, Уый Хуры чызг фасы йæ сызгъæрин хилтæ. Гъей, усгуртæ, бапвасут хъал бæхты рохтæ, Цæудзæни уый дондзау, кæндзæни уын хинтæ. О, уарондзинад, урсбоцъо зæронд æрра, Мæ зæрдæ та дын — ноггæнæн æхсыры цад. Нæ уыдтæ, никуы, мин-мин азы гъенырау,— Ды милрихийæ раивтай дæ бонты рад. МАМО Мæ фæлтæры номæй «Ыстонг аз уыдзæн»,— хистæртæ-иу загътой. Æрмæст, уый циу, мах не ’мбæрстам нырма, Уæддæр нæ удты цавæрдæр тас уагъта,— Цыдæр мамо æрбацæуы цыма. Нæ уæркойы нын хъæдмæ цыма давдзæн, Æххормаг мамо уæркойы хæрдзæн. Йæ лæппынтæн æфсæст зарджытæ зардзæн, Йæхицæн хъæды ’нæмæтæй цæрдзæн... Фæлæ дын къуту сæвдæлон ис иу бон, Мысты фаг дæр дзы нал аззади хор. Зылд бæстыл «мамо», фестади уæгъдидон, Хуыцауимæ æмсæр ысси нартхор. Йæ гагатæ йын фосы хъарм фаджысæй Мах быдырты нæ фæдджитæм уыгътам. Цы фаг кодтой, куыройы сæ æрыссай* — Нæ «бонгуыстæй» фæлтау дзæрна фыхтам... О, раст цыма нæ цæрайæн лæбурдтой Уæд хъуццытæ дæр колхозы хуымтæм... Цъæх нæууыл хизæнт дзæнæты уæ удтæ, Уæды хъуццытæ, бузныг уæ ыстæм. Арвæй раивылд тыгъдызæй, Оххай, сафдзæн, зæгъын, бæстæ. Арвмæ ницуал уыд йæ хуызæй, Раст нæ сау къæбыла фестад. 120
Æмæ алырдæм лæбурдта, Гъæйтт, йæ фалгæрæттæ хордта! Фæллæйтты тæсæй æфтыдтой Зæрæдтæ сæхиуыл дзуæрттæ... Уалынмæ æнæнхъæлæджы Арвæрдыны цъыкк фæцыди, Æмæ сау дзигло йæ туджы Хуры фатдзæфæй мæцыди... Нал тарст Хуры чызг дæр куыдзæй, Рацыд, Арвыроныл къазы, Асыгъдæг йæ зæрдæ æрдзæн, Цард йæ цардмондæгтæ уадзы. Зæхх та Мадымайрæм фестад, Дары йе ’взонг таутæн дзидзи... Гъе ’рмæст мах уæлдай нæ фестæм,— Иунæг уазы мур нæм ниц’ и. Арв, æрхъуыды ма кæн исты! — Ахæм саха къæвда ’ртыхса, Сау хæйрæгæй нæм хъуын-хъис дæр Ма ныууадза, удтæ ’рыхса. ХАЛОН Сау халон Сомихæй сау хабар рахаста, Дунейы къуымты хъæргæнæг æрзылди. Халоны сау базыр хуры рухс амбæхста, Иры сæрмæ дæр йæ марой куы ссыди. Байдзаг ис Иры сæрмæ дæр йæ хъæрзынæй, Уыйбæрц та хъарæджы дзырдтæ кæм ардта!.. Халоны зæрдæ нытътъæпп ласта сау зынæй, Хъæлæсæй туг кæлгæ зæхмæ æрхаудта. Ахæм уæззау бонæн маргъ дæр нæ бабыхста, Уары нæ удтыл йæ хъарæг гæр-гæрæй... Рухсаг у, халон, ныры хуызæн сау рыстæн Фест ды фæстаджы фæстагдæр хъæргæнæг. 19 88. ФÆНДÆГТÆ Нæ ноггуырд къæмунæйы монцтæ Фæндагамонд не сты гуырдзæй,— Куы систы гуымирытæ бодзтæ, Йæ дзугты йын ахафта зæй... Ныр цал азы найгæнæг галау Ис мидбынат цоппайы цард! Уый иухатт æнæсæрфат хьалæн Йæ къухтæм рæстæнхъæлæй рард... Ныссуйтæ и дзыллæйы амонд, Ныдздзæгъæл, ныррынчын, хъæрзы, Рæствæндагыл й’ акæнын абон Сæдæ Уастырджийæн дæр—оын. 121
ЗÆХХОН ДУНЕ Цы уыд зæххон дуне, нырма дæр уымæй джиуы, Хуыцауæй ахицæн, хæйрæджытимæ сбæлццон. Зындоны сау бæлас ныкъкъабузджын йæ риуыл, Уæлæуыл тондзæни цæрдхъом фыдæх йæ мæрддзаг. Цæмæй, цы фарнæй уа нæ зæххы зæрдæ рухсдæр, Кæд иу фыд, иннæ фыд нæ нымайæм æгъгъæдыл, Æмю куы райгуыры Амур хъæбул нæ бæстыл, Уæд ын йæ гыццыл къубал сыскъуынæм æвгъæды. Æниу æй ууыл дæр нæ ныууадзæм, мæгуырæг: Йæ зынгхуыст буарыл ын нæ хъæстæ ’взæгтæ дауæм... Амран куы равзæры сырхзынг арвы гуыр-гуырæй, Уæд бафтæм ууыл дæр, йæ игæр ын ысхъауæм. Хуыснæджы ма судза цæмæй йæ зынджы азар, Йæ рухсмæ ма зыной нæ чъизи фæдтæ зæххыл... Нæ цъæх сæууон дуне мах фестын кодтам базар, Хуыцауы уаз цырагъ æрцауыгътам æндахыл. САХАРÆЙЫ ФÆНДÆГТÆ О, диссæгтæ! Сахарæйы фæндæгтыл Мæ сабидуг мæнмæ æнхъæлмæ каст: Уым Нилы былты скъæтæнгæс хæдзæртты Рæдывта уæлдæф сабиты хъæрахст. Мæ размæ дын æзраздæронæй систой Тъæбæрттытæ, æрбайрох сæ сæ хъазт. Сæ сау цæстытæй урс бæлæттæ схъиудтой, Сæ цæсгæмттыл сæ чъиллон хид лæдæрст. Æрбагуыппæг сæ хъæлæба, фæцыдæр, Сæ къухтæ мæм æрбадардтой æваст... Мæгуыргур къухтæ — дуджы цыргъ æрцытæ — Мæ зæрдæ милмæ систой цыма раст. Сæ къахы скъуыдты бур ызмис ныхъхъæбæр, Сæдæ зæбулы иу халыл хæцынц. Сæ тæнтъихæг æвдисæн — барст сæ къæбæр... Мæ нуæрст бонтæ æрчъицыдтой, тæхынц: Мæ гомкъах, ме стонг сабидуг, æнхъæлдтон, Ныртæккæ цардмæ нал æххæссы д’ арм, Ды та дзæгъæлдзу фестадтæ æнхъæлдæн, Æндæр кæцæй мæ размæ фæдæ ам?! К а и р-А лександрия.
Иры Ныхас—рухс кувæндон АДÆМЫ ФАРНÆЙ Ацы аз 23 июлы Хетæджы К/ьохмæ æрæмбырд сты Цæгат ’æмæ Хуссар Иры минæвæрттæ, æрбацыдысты æнæхъæн дзыл- лæтæ. Ам, Иры Ныхасы, цыд æцæг адæмон фæрнджын уынаф- фæ. Алкæмæн дæр йæ зæрдиагдæр сагъæс уыд нæ фыдæлтыккон æвæринаг æгъдæуттыл, нæ цæрæццаг ирон æфсармыл, нæ ма- дæлон æвзаг æмæ культурæйыл, нæ историон цыртдзæвæнтæ æмæ цытджын кувæндæттыл, не ’рдхæрæны æрдз æмæ не ’нхъæл- цау фæсивæдыл. Æмткæй та ирон адæмы иудзинадыл, æндæр адæмты æхсæн нæ бæрæг æмæ фæрсыг бынатыл цæмæй æфсарм, æгъдау, ахуырад æмæ адæмты ’хсæн хæлардзинады бындурыл нæ дарддæры цард аразæм, ууыл. Зæрдæ рухс кодта нæ буц хистæртæ — Торчынты Дзибус (Джызæл), Къутæрты Додти (Дзæуджыхъæу), Датъриты Дзат- те (Хъæдгæрон), Дзуццаты Малсæджы (Беслæныхъæу)—куыры- хон æмæ хæрзаив хъуыдытæм хъусгæйæ. Æмбырд фидыд æмæ рæсугъд фæгкыл куыд цæуа, ууыл дæс- ныйæ архайдтой Бокоты Солтан (Хъæдгæром) æмæ Баскаты Вадим (Дзæуджыхъæу). Зæрдæбын ныхас ракодтой Цхинвалы педагогон институты ахуыргæнæг Мамиаты Григорий, фысджы- тæ Хъодзаты Æхсар, Хъазиты Мелитон, Джусойты Нафи æмæ Джыккайты Шамил> Министрты Советы сæрдары хæдивæг Фи- дараты Хъазыбег, Тбилисы цæрæг ирæтты номæй Гуыдиаты Дмитрий, Гуырдзыстоны Илья Чавчавадзейы æхсæнады номæй Зураб Чавчавадзе, Сирийы цæрæг ирæтты номæй Æлбегты Бахаддин æмæ ма бирæ æндæр дзæбэ?х ас лæгтæ æмæ фæсивæд. Иры Ныхасы адæм æмхъæлæсæй райстой Сидт ирон адæм- мæ, Цæгат Ирыстоны Сæйраг Советæн Ныстуан, рахастой уынаффæ Иры тырысайы тыххæй. Хаст æрцыд Хетæджы къохы сæрмагонд фонд саразыны фæндон, цæмæй йæм бæстонæй зылд цæуа, æцæг фæдзаёхст æмæ сыгъдæг кувæндон бынат уа, уый тыххæй. - Фæсныхас адæм æрбадтысты кывонд куывды фынгтыл æмæ ,ам дæр фæзминаг хорз æгъдау равдыстой. Иры Ныхасы уынаффæдонмæ тæрхоны лæгтæй æвзæрст æрцыдысты: Датъриты Дзатте (Хъæдгæрон), Еситы Керым (Ногхъæу), Насхъидтаты Джамботт (Суадаг), Кцойты Али- хан (Дзуарыхъæу), Фидараты Рустем (Дзæуджыхъæу), Бзарты Руслан (Дзæуджыхъæу), Цоциты Алан (Чъреба), Лолаты Владимир (Алагир)^ Хъесаты Джумбер (Тбилиси), Бокоты Солтан (Хъæдгæрон), Баскаты Вадим (Дзæуджц* хъæу), Æлбегаты Бæхæддин (Сири, Дамаск). " ’’ 123
с и д т ИРОН АДÆММÆ Фыдæлтæй æмбисондæн баззад: «Нæртон лæг ныхас куы фæкæны, уæд—дзуары бын кæнæ æрдхæрæны бынаты». Абон мах, ирон адæмы алы фæлтæрты минæвæрттæ, æрæм- бырд стæм Хетæджы бынмæ нæ Иры Ныхасмæ. Нæ егъау Райгуырæн бæстæйы райдыдта Рацарæзты дуг. Æнæкæрон бирæ маст æмæ æфхæрд баййæфтой рæстуд адæмтæ ссæдзæм æнусы, фарны лæгты æнæхъæн æфсад æхсæст æрцыд нæ чысыл Иры дæр. Фæлæ абоны бон æхсызгон хабар уый у> æмæ адæмтæ сæ сæрыл уæлæмæ кæй схæцыдысты, сæ цардхосы бартыл æдæрсгæ æргомæй кæй сдзырдтой. Иутæ—æгæр мастфыцгæ æмæ уымæн æнæхъуаджы сæ кæрæдзийы тугкалгæйæ, иннæтæ—хиуылхæц- гæ, фæлæ фидарæй. Зондджын лæг искæй рæдыдтыл ахуыр кæны. Æмæ кæд, куырыхон фыдæлты загъдау, быхсыны бын сой у, уæд мах дæр, нæ бартыл дзургæйæ, тыхмийы фæндаг ма равзарæм. Уымæн æмæ сæрибар æмæ демократи фидар зонд, æнæхæлгæ æхсæна- дон æгъдау домынц. Тынг вазыгджын рæстæджы цæрæм, иттæг ахсджиаг у алы хъуыддаджы размæ дæр æвронг зондæй бæстон ахъуыды кæнын, алцæмæн дæр йæ фæстиуджытæ рагацау дæрд- тыл бахынцын. ^ Ирон дзыллæ стæм, ирон адæмы ном хæссæм дунейы адæм- ты ’хсæн. Уæдæ уал, нæ Ирыстон^ хъысмæтыл дзургæйæ» роху- аты фæуадзæм, чи кæцы коймаг у, уый æмæ иу туг адæмау, æнартдих æфсымæртау бамбарæм кæрæдзи. Бамбарæм, бангом уæм„ сарæхсæм нæ кæрæдзимæ лæмбынæг хъусын. Æрмæстдæр æмзонд, æмзæрдæ, иу æгъдауæй ’æгъдауджын, иу æфсармæй æфсармджын куы суæм, уæд бамбардзыстæм, нæ Иры дзыхъы немæ æмдзæрин чи у, уыцы адæмты дæр, нæ сыхæгты дæр» æд- дагæтты дæр. Æппæты фыццаг уал хъуамæ алчидæр йæхицæн иу хъуыд- дагыл зæрдæбынæй басæтта: æз дæр мæ адæмæн сæ туг, се стæг дæн, æз дæр мæ разагъды фыдæлтæн æвидис байзæддагæй цæринаг дæн, æз дæр мæ фæстагæттæн хъуамæ номарæн фы- дæлæн сбæззон. Иуы худинаг — æппæты къæмдзæстыггæнæг*. Иуы фарны хъуыддаг — æппæтæн цæсгомгæнæг. ’ Адæм адæм саэ нымæцмæ гæсгæ нæ вæййынц, стæй бирæ хи- 124
цæн адæймæгты нырма адæм схонæн нæй. Хицæн адæмæгтæй адæмгæнæг у сæ иумæйаг æгъдау, сæ иумæйаг æфсарм, сæ иу- мæйаг фарн, сæ иу мадæлон æвзаг, сæ иу культурæ. Нæ сæр бæрзæндты кæмæй хæссæм, уыцы Къоста æцæгæлон хæддзу тыхгæнджытæй хъаст кодта, рухс кувæндæттæй хынджы- лæг кæнынц, зæгъгæ. Мах та кæхæдæг былысчъилтæ кæнын райдыдтам не ’взаг æмæ не ’гъдæуттыл, не ’фсарм ныкъкъахыр- тæ кодтам, лæгагур цæуынмæ нæ бирæ нал хъуыд. Фæлæ табу, йæ уды ирон зынг хуыссын чи нæ бауагъта, уы- донæн: абон уыдоны фæрцы æргомæй дзурæм нæ низыхаттыл æмæ нын уымæ гæстæ æнцондæр у нæ ирвæзынгæнæг æвдадзы хос агурын. Мæсыг кæд хи дурæй хæлы, уæд рæзгæ дæр хъуамæ хи ду- рæй кæна. Хетæджы æргом дзуары хорзæх уæд ирон адæмы— æнувыд ыл стæм æмæ йæ фыд-заманты дæр нæ аппæрстам, нæ йыл бауагътам хъоды кæнын. Æрæджы цытджын Къох æфснайд æрцыд, бабиноныгтæ йæ кодтам. Фæрнæйдзаг у уыцы хъуыд- даг. Æмæ йæ уæдæ дарддæр ахæццæ кæнæм—ам, Хетæджы дзуары бын дæр æмæ нæ иннæ рухс кувæндæтты дæр. Уый нæ удтæ сыгъдæггæнæн куыст уыдзæн. Æфсарм нæй — нæй адæймаг, нæй адæм. Йе ’фсарм уæй- гæнæг — йæ адæмы цæстыфтауæг. Нал уыд ирон æфсарм йæ- фæрнджын бынаты, æмæ нæм худинаджы гакк нал æвæрдтой давæг æмæ расыггæнæгыл, æнæфсарм æмæ æнæгъдау адæмыл хъоды нал кодтам, худинаг æмæ арфæйаг хъуыддæгтæ сæ кад- рад баивтой, æлгъыст æмæ цыт фемхæццæ сты. Уымæн ныллæу- уыди сæфты къахыл нæ ныфсæнхъæлцау фæсивæды дзæвгар хай дæр. Фæлаз бон цæуы æмæ фарн хæссы. Абон не скаст — не скъо- ла, нæ фæстаг ныфс —нæ ахуыргæнджытæ. Саби фылдæр рæс- тæг æддæссонд у бинонтæй, хæдзарæй. Æмæ цæмæй хорз бинон- ты, хорз хæдзарвæндаджы æгъдау æнæхъола скъола мауал сафа, уый тыххæй нæ истори, нæ культурæ, нæ фыдæлты æвæ- джиау æгъдæуттæ хъуамæ рæбинаг суой сывæллæтты рæвда- уæндæтты æмæ цæхæрадæтты, астазон, астæуккаг æмæ уæлдæр скъолаты. Хъуамæ алы ирон сабийы дæр сахуыр кæнæм хис- тæрæн кад дæттыныл, зарын æмæ ка’фыныл, кувын æмæ тæфæр- фæс ракæныныл, æрбадын æмæ сыстыныл, бацæуын æмæ рацæ- уыныл, чызг-сабийы — ирон сылгоймаджы æфсармыл, лæппу- сабиты—ирон лæджы намысæргом миниуджытыл. Сæрмæхæссинаг циу æмæ цы нæу, худинаг циу æмæ цы нæу ирон æгъдаумæ гæсгæ, æппæт адæмты æгъдаумæ г&сгæ, уыдон хъуамæ алкæмæн дæр гыццылæй фæстæмæ йæ туджы бацæуой, йæ зонд суой, йæ царды мидæг фидар фæткау сфидауой. Кæд ма ирон адæмы номимæ цæринаг стæм, уæд нын æндæр ирвæ- зынгæнæг хос нæй. Нартæн, дам, сæ дзырд фæсайынæй се ’ндон сау æфсæйнаг кодтэ, — ацы æмбисонд ирон æфсармы, ирон удыхъæды цæ- джындзтыл æнцайы, уыдоныл амад у. Нæй цудæн уыцы цæ- 12&
джындзтæн — науæд нæ ирон хæдзар ныккæлдзæн, науæд нæ бæззæм иннæ адæмтæн фæзминагæн дæр æмæ иузæрдион хæ- лæрттæн дæр. Нæ риссагдæр хъæдгом — ирон æвзаджы уавæр. Фæстаг рæ- стæджы хуыздæрырдæм цы ивддзинæдтæ цæуы, уыдон æнæмæнг арфæйаг сты. Фæлæ—кæмæй йæ сусæг кæнæм — нæхицæй кæйдæрты зæрдæмæ нæ цæуынц, нæ сæ хъæуы сæ цотæн ахуы- ры мидæг ирон æвзаг. Ахæмтæн дæр уый сæхи аххос нæу: уа- вæртæ сæ сарæзтой уыцы галиу зондыл. Фæлæ йæ ирон номыл стырзæрдæ чи нæу, уыдоны фæндæй хъуамæ фидæны ирон æв- заг дæр суа паддзахадон æвзаг, хъуамæ Æрджынарæгæй уæлæ- мæ æппæт паддзахадон æмæ æхсæны хъуыддæгтæ ууыл дæр арæзт цæуой — уый у æцæг автономийы æууæлтæн сæ ахсджи- .агдæр. Æвзæр фысымæн» зæгъы, уазæг уынаффæгæнæг. Мах нæхи- уыл ’ æнæрвæссон куы нал уæм, уæд нæ нæ уазæг дæр йæ уазæджы кадæй уæлæмæ ницуал домдзæн, нæ хæдзар цы но- мæй хонæм, уый нæхи бар уыдзæн. Ие ’гъдæуттæ, йе ’взаг, йæ фыдæлты йæ сæрмæ чи нал хæссы, ахæм адæмы иннæ адæм- тæ адæмыл куыд хъуамæ нымайой? Æрдзы æнæниздзинад — адæмы æнæниздзинад. Абон стыр кусæндæтты æмæ арæзтæдты зианы тыххæй нæ дзурдзыстæм, фæлæ ма нæ хъæуты æмæ горæтты бацæуæнтæ æмæйушварс быдыртæм, нæ уынгтæм, нæ чысыл цæугæдæтты былгæрæттæм бакæсæм, цымæ сæ уындæй зæрдæ нæ ныккæрзы. Дарддæр дæр ма цардмæ афтæ иу боны цæстæй куы кæсæм, уæд нæ бай- зæддæгтæн æцæг бынхор фыдæлтæ басгуыхдзыстæм. Ирон адæм! . Уынаффæйæ хъомысджын æмæ уæззау зондыл хæст адæмыл нымад уыдыстæм кæддæриддæр. Рæстæг тызмæг æмæ змæст у. Масты фæндаг чи равзары, уый фæсмойнаг вæййы. Лæгæн, дэм> йæ къухæй исты куы аивгъуыйы, фæсмон кæнын уæд райдайы. Æмæ цæмæй фæстаг зондæй нæ сæртæ къулыл ма хойæм, уый -тыххæй нæхи бафæдзæхсæм. Æрмæст паддзахады бæрны цы -стыр хъуыддæгтæ ис, уыдон айдагъ паддзахады бæрны уадзæм. Фæлао, нæхицæй аразгæ цы у, уыдон та фæстæдæрмæ мауал æргъæвæм. Цытджын Хетæджы дзуары хорзæх нæ æййафæд æмæ нæ цардыуаджы тырысайыл ныффыссæм ирон адæмы адджын хъæбул Къостайы фæстаг фæдзæхст: «Ме ’фсымæртæ, кæрæдзи уарзгæ цæрут!» Къостайæн та, нæ хорз фыдæлтæн та æвидис фæстагæттæн уæд сбæздзыстæм, æмæ не ’гъдау, не ’фсарм, не ’взаг, нæ куль- -турæ сæ нывгонд бынат куы ’рцахсой. ’ ;Ныр, кæнæ — никуал! Ирон Ныхасы адæм, 1989 аз, 23 июль, хуьщаубон. Хетæджы Къохв
ИРЫ ТЫРЫСА Нæ егъау бæстæйы адæмтæй алкæмæн дæр йæ национ хиæм- барындзинад бæрзонд куы уа. уæд уый æнæмæнгæй стыр ахъаз уыдзæн, се ’хсæн цы фыдæлтыккон хорз ахастытæ ис, уыдон фи- дардæр æмæ ахадгæдæр кæнынæн. Нациои хиæмбарындзинады рæзт та бирæ цæмæйдæрты аразгæ у. Æмæ сæ ахсджиагдæртыл банымайын æмбæлы адæмæн номхæссæн нысаниуджытæ—тыры- са æмæ герб. Ирон адæмæн сæ разагъды фыдæлтæй баззад сæхи номарæн тырыса: урс-сырх-бур уадздзæгтæй конд. Йæ алы хуыз дæр сим- воликон æгъдауæй æвдисы, ирон дзыллæйы зæрдæйы æппæтæй стырдæр цыт æмæ кады аккаг царды цы хорзæхтæ уыдысты, уый. Урс — амоны иууыл сыгъдæгдзинад; сырх—æхсар æмæ лæгдзинад; бур—дунейы фарн æмæ бæркад. Сырх уадздзаджы астæу нызгонд у ирæтты фыдæлтыккон герб—фыранк хæхты акомкоммæ. Абоны дуг махæй барджынæй домы, цæмæй ирон адæмæн дæр Рацарæзты фæрнæйдзаг нысæнттæм хурдзæф Сырх тыры- сайы фарсмæ сæ фæндагхон суа фыдæйты буцдаринаг номдзыд тырыса. Сисæм æй нæ сæрмæ æмæ йæ æнустæм хизæм фегад æмæ фæцудынæй! ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ АВТОНОМОН СОВЕТОН СОЦИАЛИСТОН РЕСПУБЛИКÆЙЫ СÆЙРАГ СОВЕТÆН НЫСТУАН Мин азты дæргъы фæлтæрæй фæлтæрмæ хæсгæ æгъдау но~ гæй царды рауадзыны охыл 1989 азы 23 июлы дзыллæтæ æрæм- бырд сты Ирон Ныхасмæ. Бынатæн ын æвзæрст æрцыд нæ на- цийы табугæнинаг хæзна Хетæджы Къох—уый адæмы поэтикон хъуыдыкæнынады баст у фæрнæйдзаг хъуыддаг æмæ рæстдзи- надыл хæрзауыдæнгæнæг тыхтимæ. Ирон Ныхас йæ хæсыл нымайы алы мадзæлттæй дæр иры национ ног сæнтыстыл архайын — йæ монон хæзнатæ, æппæт зæххон адæмты культурæйы иу хай чи у, уыдон хъахъæнын. Советон дуджы фæстæмæ паддзахаддзинад чи райста, уыцьг ирон нацийы рæзты артдзæст, ирон адæмы стыр ахсджиаг куль- турон исбон у республикæйы сæйраг горæт йæ национ историон номимæ. Зæрдыл уый даргæйæ, Ирон Ныхасы адæм афтæ нымайынц, æмæ иууыл растдæр уыдзæн Цæгат Ирыстоны Автономон Со- ветон Социалистон Республикæйы сæйраг горæтæн фæстæмæ йæ. национ историон ном—Дзæуджыхъæу—раттын. 127
ХЪОДЗАТЫ ÆХСАР ХЕТÆДЖЫ КЪОХ Ды — йæ хъахъæнæг мæ удæн. Дæу хъæд хонон æви зæд! О, табу дын, о, табу дын, арфæ де стыр фарнæн уæд! Арфæ миназон бæпæстæн! Арфæ, кæрдæг! Арфæ, хъæд! Адон Хетæджы куы ’мбæхстой, уæд Къостайыл уыд сæ мæт. Хур нæм ракæсы сæ рындзтæй, æмæ зарæг сисæм: ой! Адон—аргъуаны цæджындзтæ, сты нæртон арвæн æнцой. О нæ аргъау, о нæ аргъуан, мах дæуæй фæхæрæм ард. Арфæ махæн! Арфæ маргъæн! — Баиу ацы ран нæ зард. Йе знаг Хетæджы куы сырдта, — хохмæ сарæзта йæ ных. «Хъæдмæ!»—Мидæр æм æрдзырдта, фæлæ басастис йæ тых. Æмæ хъæд æртахтис ардæм хохæй — бахызта йæ хъæд... Мах кæд ысуыдзыстæм адæм, хъæд кæд бахиздзыстæм! Кæд!! О, табу дын, о, табу дын! Арфæ де стыр фарнæн уæд! Ды— йæ хъахъæнæг мæ удæн. Арфæ, аргъуан! Арфæ, хъæд! Дæу дæ фыдгултæ куы сырдтой, уæд иæ бафснайдтай дæ сæр. Ды нæ ныууагътай дæ сырдты сырдтæн... Мин азты фæцæр! Ацы миназон бæлæстау уæнт ирон адæм æнгом! Адон Хетæджы æмбæхстой, хизæнт Ирæн дæр рщ ном! 1989 азы 2 5 и к? л ь
Къоста хæхбæсты.