Text
                    Нæ равдысты фендзыстут
скульптор Дзанæгаты Чермены куыстытæ.


*^&<тæ<^*ж?жæтжш$шшш^ Издается с мая 1934 года ЕЖЕМЕСЯЧНЫИ ЖУРНАЛ СОЮЗА ПИСАТЕЛЕИ РЕСПУБЛИКИ СЕВЕРНАЯ ОСЕТИЯ-АЛАНИЯ Главный редактор - Ахсар КОДЗАТИ Редакция Ответств.секретарь, проза — Борис ГУСАЛОВ Поэзия, драматургия — Казбек МАМУКАЕВ Общественный совет Руслан БЗАРОВ, Гриш БИЦОЕВ, Анатолий ДЗАНТИЕВ, ФаризаДЗАСОХОВА, Елизавета КОЧИЕВА, Анатолий КУСРАЕВ, Наира НАКУСОВА, Камал ХОДОВ Владикавказ, 2003
Е Джиппы уагъд цæуы 1934 азы майæ фæстæмæ ЦÆГАТ ИРЫСТОН-АЛАНЫ РЕСПУБЛИКÆЙЫ ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ Сæйраг редактор - ХЪОДЗАТЫ Æхсар Редакци Бæрнон секретарь, прозæ — ГУСАЛТЫ Барис Поэзи, драматурги — МАМЫКЪАТЫ Хъазыбег Журналы æхсæны уынаффæдон БЗАРТЫ Руслан, БИЦЪОТЫ Гриш, ДЗАНТИАТЫ Анатоли, ДЗАСОХТЫ Фаризæт, КОСТЫ Лизæ, КЪУСРАТЫ Анатоли, НÆКУЫСАТЫ Наирæ, ХОДЫ Камал Дзæуджыхъæу, 2003
НОМЫРЫ ИС: ДЖЫККАЙТЫШамил. Мæлæт. Радзырд 5 УАЛЫТЫЛаврент. Дæ бæсты цæрайæ. Æмдзæвгæтæ 15 ГÆЗДÆНТЫ ГАЙТО:100АЗЫ ГÆЗДÆНТЫГайто. Уадцзалх адæм. Радзырдтæ 24 ХЪОДАЛА ТЫ Герсан. Фидын бонзонгæ мæ хæс. Æмдзæвгæтæ 79 ЦÆРУКЪАТЫ АЛЫКСАНДР: 85 АЗЫ ЦÆРУКЪА ТЫ Валодя. Ме ’фсымæр æмæ иннæтæ. Мысинæгтæ 88 ФЕДОР ТЮТЧЕВ: 200 АЗЫ Федор ТЮТЧЕВ. Дæхи дунейы цæр. Æмдзæвгæтæ «МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ АРВИСТОН ИРОН ПОЭЗИЙЫ АНТОЛОГИ 112 117 123 134 2003 азы «Мах дуг» ныммыхуыр кодта 150
ДЖЫККАЙТЫ Шамил МÆЛÆТ Радзырд ау ныккæнд у арф æмæ уынгæг. Уæз- зау уæлдæф дзы пъæззыйау ныббадт, æлвасы зæрдæ æмæ уæнгтæ. Æниу цæй уæлдæф у уый — лакъонау бæзджын æмæ уымæл. Ис æм къухæй æвналæн — ратон дзы гæбаз æмæ дзы цъыфы къуыбæрттæ кæн. Æнуд у æмæ сымæ- ры тæф кæны. Рухсы цъыртт æм никæцæй хауы. Фаллаг къулæй цары ’хсæн ис чысыл зыхъхъыр, рудзынг уа — уый зын зæгъæн у. Уырдыгæй, чи зоны, раздæрау хауы дыдзы рухс, фæлæ ацы къуыммæ нæ зыны, йæ тын ардæм нæ хæццæ кæны, ныгъуылы нык- кæнды лакъоны. Æвæдза, рухсыл дæр мæгуыры бон и, лæгæй йын æнцондæр нæу: æдзух таримæ быцæу кæны. Арф кæмтты дæхи къæдзæхтыл хой æмæ та- лынг сур, ныккæндтæм фæндаг агур, хуынчъыты мидæмæ лæс, — ам дын исчи дæ хурхыл бахæцдзæн æмæ, марадз, стæлф; чидæр хуынкъ æрæхгæдта, æмæ аскъуыд дæ рæзгæ уд. Бады лæг æфсæн чырыны. Амыранау у баст, фæлæ титанæн фезмæлæн уыд йæ лæгæты, амæн фæзилæн дæр нæй. Бады цавд- дурау, йæ сæрыл тæдзынæг тæдзы. Рæстæгæй- рæстæгмæ æрхауы иу æртах, гæмæх тенка- йыл йæ дзæхст фæцæуы æмæ лыстæг згъæлæнтæй фæйнæрдæм фæтæхы. Ахæст у ирон лæг. Цы кары ис, уымæн базонæн нæй.
(Т^^^^^ Джыккайты Шамил Ныккæнд лæджы хуыз тагъд ивы. Сæрдасæн æм æввахс нæ уа- дзы — фыдбылызæй йæ хъахъхъæны. Бады лæг. Зоны: ацы фыдæвзарæн у дæлимонты æрхъуыды. Зæххон лæг ын нæ фæразы. Сахатмæ йæ зонд фæцæуы. Лæг разы у мæлæтыл, æхстыл, ауындзæныл, æппынфæстаг, куыйты хæринаг фæу, æрмæст æррайæ Хуыцау бахизæд. Ныртæккæ йæ, æцæгдæр, фæнды цавддур фестын. Фæлæ йæм æваст февзæры æндæр хъуыды: тæдзынæгæн дур дæр нæ фæразы. Æнæмæнг, афтæ. Æртах хауы, хауы æмæ дур хуынкъ кæны. Нæ, ацы сагъæстæ нæ бæззынц мæ уавæры, — хъуыды кæны ахæст. — Уыдон ахъаз сты лæгæн нæ, фæлæ тæдзынæгæн. Ацы уынгæджы ран знаг, катай æмæ тæдзынæг æмдзæхдон сты, цæдис. Уыдон сæ куыст кæнынц. Фæлæ мæнæн дæр ис цæдисон. Ныфс æмæ лæгдзинад. Нырма фидар лæууæм. Нæй нын фæцудæн. Мæлгæ алчидæр кæны. Æз кæддæр загътон адæмы раз: лæджы фыд хæрынмæ нæ бæззы, хъуамæ кадджын уа нæ мард дæр. Нæй ныхасыл гадзрахатæй цæуæн. Уæд ма цы вæййынц нæ сомытæ, нæ ард? Фæлæ ацы тæдзынæг, ацы... Тæдзынæг тæдзы. Лæг йæхиуыл хæцы, йæхицæн ныфсытæ æвæры. Хъуыдытæ кæны. Лæг зынтæн у. Фæразын хъæуы, æндæр ницы. Цы у тæдзынæг? Мур дæр ницы. Куыдз дæр — куыдз æмæ тæдзынæг дæр куыдз. Басæтдзæн мæ? Æнхъæлмæ кæсæд! Би- быцыл Сослан хохæй дуртæ калдта, уый сæм дардта йæ ных, æмæ дуртæ зæхмæ згъæлдысты фæныкæй. Æмæ Бибыц мæнæй лæгдæр уыд? Хæрæджы дымæг уыд. — Лæг йæхимидæг бахудт. — Æртах дур нæу. Дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр — дон. Æрмæст тенка цæрдхуынкъ ма фæуæд. Сæрæн йæ магъз æнæхъыгдард баззайæд, æндæр йæ кæхц быхсдзæн. Стæг фидар у. Æцæг, æртах хуыдыл куы нæ ’мбæла, уæд... донæн ницы лæууы, кæдæм æфты, уым къахы æмæ къахы. Нæ, Хуыцау бахизæд хуыдиртæстæй. Уæд сæфт æмæ сæфт... Ахæст йæхимæ рамæсты. Ай цы у? Фæцæуын, æрцæуын, æмæ та æвзæр хъуыдытæ. Нæ, уый Горзæн кæрц нæу. Мæ сæрыл нæмгуытæ дæр уарыд. Уæд дæр Церечы згъæр æмæ Бидасы тахъа нæ дардтон. Фæлæ ирвæзтæн. Цыдæр фарн ис. Цы у, нæ йæ зонын. Фæлæ ис. Хъахъхъæдта мæ фыдæвзарæнты. Алæмæт у цард. Лæг зæгъдзæн: бæсты сæфт æрцыд, арв зæронд царау æртыдта, æркалд, зæхх аскъуыд дæ рыстæй, хъæд сыфгай згъæлы дæ хъæрзынæй. Фæлæ та кæсыс, æмæ дæ разы — дзæнæты цъæх быдыр. Бæстæ дидинæг калы. Цæуыс дæ уарзонимæ кæрдæгджын
МÆЛÆТ астымы. Чызг кæм æрлæууы, уым сæвзæры дидинæг. Цæуыс, цæуыс, æмдзæвгæтæ йын кæсыс, зарыс ын дæ зæрдæйы сæнттæ. Кæмдæр быдыр баиу ис арвимæ. Цæуыс Æрфæны фæдыл... Ехх, цы амонд у уарзын!.. Цымæ афонмæ кæм и мæ царды рухс?.. Кæмдæр æнхъæлмæ кæсы, йæхи хæры æмæ дзыназы... Кæм и цъæх быдыр? Кæм и Æрфæны фæд? Кæй сайын? Мæхи æви мæлæты? Афтæ... Мæхи ирхæфсын... Æви сæнттæ цæгъдын?.. Нæ, уый гæнæн нæй!.. Фæстаг ныхæстæ загъта хъæрæй. Чидæр æй фехъуыста. Нæ зыны дæлимонау, фæлæ талынгæй дзуры: — Нæй, нæй уый гæнæн! Æз дæр дын уый дзурын. Нæй ацы зæххæн иннæрдæм разилæн, нæй ацы бæстæн тых ракæнæн, нæй йын халæн.. Ахæст йæхиуыл æрхудт, хъæр дзы кæй сирвæзт, уый тыххæй. Райхъал уæйыг, авдсæрон уæйыг. Ныр дæ уый цæрынцой нал ныууадздзæн, дæ уд дын дæ хъуырæй сласдзæн. — Цæй, куыд дæ? — фæрсы талынджы бадæг. — Сæттыс дæ фыдракæндтыл æви нæ? — Сæттын, — зæгъы ахæст. — Мæнæ, Чингисхан кæмæй нырризид, уыцы фыдракæнд. — О, уый хорз фæлварæн у! — æхсызгонæй зæгъы ахæ- стонгæс. — Хус æрчъиаг удæстæй фæлмæн кæны. — Йæ ныхас йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йыл худынæй бацин кодта. — Фæрсын дæ фæстаг хатт, æмæ зæгъ: чи сты дæ хæлæрттæ? — Хæлæрттæ мын бирæ ис, — дзуапп дæтты ахæст, — фæлæ сæ фыццаг уыдтæ ды. — Тобæ зæгъ! — цыма йыл зынг æрхауд, афтæ фестъæлфыд талынггæс. — Тамбоваг бирæгъ — дæ хæлар. Æниу бирæгътæй фыддæр стут сымах. Нæ уæтæрмæ лæбурут, фæлæ ам гæстæ и, гæстæ! — Хорз гæстæ, кæрæф аргъонахътæ! Дзуг цæгъдынц æмæ хæрынц, сæхæдæг æй бирæгъты ’фсон кæнынц. — Дæ дзыхыл хæц, æрра! — фæхъæр ласы талынггæс. — Рагæй дын дзырдтон: дæ дзых дæ сафдзæн æмæ йын цъутта дар. Нæ байхъуыстай. Гъай дын дæ пайда. Уыныс, цæмæ ’рхаудтæ, уый? Æниу цы уыныс! Куырм гал цæстæй куы кæсид, уæд былæй нæ хауид. — Рæдийыс, мæ мæнгард æрдхорд, рæдийыс, — фæлмæн хъæлæсæй дзуры ахæст. — Ризæгау дыл кадмондаг бафтыд æмæ дæ зонд фæцыд. Фыдæхæй саугуырм бадæ æмæ нал æвзарыс
Джыккайты Шамил урс æмæ сау. Æрдз курдиат кæмæн нæ радта, уыдон мыл хахуыр- тæ фыссынц. Æрцахстой мæ, ныккæнды мæ фыдудæй марынц. Уый сæ куыст у æмæ йæ кæнынц, Фæлæ ды та цы хъавыс, ды? Цæуылнæ сын зæгъыс, цы зоныс, уый? — Йæ ныхас тæвд кæны, уый йæхæдæг дæр хаты, фæлæ йæ бон нал у ныхасы рохтыл ф>идар хæцын. — Цы мæ къахыс? Рæстдзинад зоныс... Цæмæн æй æмбæхсыс? Цы боны хорзмæ йæ æвæрыс? — Ныууадз! — фæмæсты талынггæс.— Дзурынмæ булæмæргъ дæ, фæлæ ам дæр цъиуты сайд нæй. Ам сайæн нал и. Ам рæстæвзарæн у. Гамхуд сисын æнцон у. Сæр донæй æрæхс, æмæ цæсгом фегом и. Басæтт, дæхицæн хуыздæр уыдзæн. Мæлдзы- джы æмбисонд дыл цæмæн æрцыд? Адæм ацы цардыл сæ туг фæкалдтой, ды та йæ халынмæ хъавыс. Нæ фæтæг адæмы хур у, ды та йæм дæ къух систай. Æбуалгъ фыдвæнд!.. 0, поэт æрра вæййы, фæлæ куыд ис уыйбæрц æрра уæвæн? Зæгъ æргомæй, кæм сты уæ сусæг къордтæ, цы сты уæ фæндтæ, чи у уæ раза- монæг. Зæгъ! — Исдуг йæхиуыл фæхæцыд, стæй ныллæг хъæлæсæй дзуры: — Хорздзинад сымахæн бæсты нæ цæуы. Фæлæ мах гуманисттæ стæм, нæ бон у знагæн дæр хатыр кæнын, зонæм гæдзæ кæнын. Мæ бон дын иу хорз у, æмæ дæ уæгъд кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, рæстæгмæ. Хуыцау йæ зонæг, цы фæнд æм фæзынд. Йæ зæрдæмæ йын дæгъæл кæй агуры, )пый гуырысхойаг нæу. Зæрдæлхæд лæг æнцондæр къахæн у. Йæхинымæр дзырдтаид афтæ дæр: «Ацы фæлварæн Джеры къæдзæхæй ахъаззагдæр у. Фаг уал у, ныр фæтарст æмæ зæгъдзæн йæ хæйрæджы ном». Чи зоны, æмæ йæм фæзынд ахæм хъуыды дæр: «Барæй мæ дары дзырдтыл, йæхи ирхæфсы, йæ уавæр дзы рох кæны, æмæ йæм нæ хъары тæдзынæг. Нæ, мæ хæнцъул, уый дзы нæ уыдзæн!» Уæвгæ, зæрдæмæ ныккæсæн нæй, уый талынг дуне у, талынджы цытæ цæуы, уый та æрмæст хæйрæг зоны. Байгом кодта æфсæн табæт. Ахæст тыхтæй-фыдтæй сыстад. Рацыд хатæнмæ. Чырынæй ныккæнды камерæ уæрæхдæр у. Тути къалатийæ куы раирвæзы, уæд ын комнæт сæрибар дуне вæййы. Ратæх-батæх сисы, æфсис ын нал вæййы пæр-пæр æмæ сыффыт- тытæй. Ахæст дæр афæлвæрдта ныфсджын къахдзæфтыл, фæлæ йын нæ бантыст. Мæйы дæргъы дыууæ хатты расидт голодовкæ, хъоды бакодта хойрагыл. Домдта йæ хъуыддаг тæрхонмæ рахæс- сын, бæстон равзарын, æвдисæнтæ æркæнын. Фæлæ ныккæнд арф у, тæрхондон — бæрзонд, хъоргъæй хъæр уæлæмæ нæ хъуы-
МÆЛÆТ ^ *&&*^^ сы. Къæлæтджыны бадæг нæ зоны, сыдæй мæлын цы у, уый. Æмæ ахæсты протест уыди мигъмæ дзурынау. Ницы дзы рам- былдта, йæ зæнджымагъз цы асаст, æндæр. Йæ зæрдæ цы ’вди- сæнтыл дардта, уыдон ыл æвдисæн бакодтой. Иу хъайтар йæ сæрыл сдзырдта, фæлæ уый дæр горæты уынджы фæмард дзæгъæл нæмыгæй. Диссаг у ацы дуне: лæг уынгæджы куы бахауы, уæд æвдисæн нал вæййы йæ рæстдзинадæн, хæйрæг сæ фæхæссы. Цуды ахæст, фæлæ къахдзæфтæ кæны. Цæуы, сисдзæф цы къулы ис, уыцырдæм. Уым цы зыхъхъыр ис, уый у рудзынг арвы рухсæн, дунемæ кæсынæн. Уый йын бирæ бонты уыди царды хос. Уырдыгæй йæм калд æрдзон рухс, хъуыст æм къахуынæр. Хатгай-иу йæхи хæрдмæ сивæзта æмæ уыдта цæуджыты къæхтæ. Уыдон уыдысты царды нысан, хастой йын æнахуыр æхсызгон- дзинад. Цымыдисаг ын уыд фадыварцмæ гæсгæ, цæуæг хъуамæ чи уа, уый базонын. Сылгоймаджы зæнгтæ-иу куы федта, уæд- иу йæ хъуыдыты нывæста алыхуызон фæлгонцтæ. Уый уыд замма- най сфæлдыстадон куыст — хиирхæфсæн, æрхæндæгсафæн. Фæлæ фæстаг бонты цæуæг арæх нал уыди. Æмæ та фæзынд ног æфсон хъуыды кæнынæн: цы сыл æрцыд? Чи зоны, фехæлд тротуар. Чи зоны, базыдтой, ацы æнамонд агъуыст цы у, уый æмæ сæхи дæрдты ласынц фыдбылызы ранæй. Ныр йæхимæ каст Мæрдтæйдзæуæгау. Уыцы рухс фæлгæт — Мæрдты дуар. Фæлæ йыл ахизæн нæй рухс дунемæ. Ам Ами- нонæй фыддæр гæстæ ис. Нæй сæ фæсайæн, нæй сæ ирвæзæн. Уæддæр æгайтма ис уыцы хуынкъ. Чидæр хуры тыныл ауыгъта йæ дзаумæттæ. Ацы дыдзы рухс у ахæсты ныфс. Æцæг амонд кæм нæй, уым бæллиц дæр амонд у. Æмæ ахæст йæ быцъынæг тоны уыцы рудзынгмæ, йæхи йæм ивазы, цæф хæстон суадонмæ йæхи куыд фæхъары, афтæ. Уырдыгæй цæуы царды тæф, уыр- дыгæй тæдзы дзæм-дзæмы суадон. — Уыныс, сæрибар куыд хорз у, уый, — мæстæймарæгау дзу- ры талынггæс. — Ды та сæрибарыл сахсæнтæ кæныс. Адæмы сæрибарыл! — Айтег! — сонт хъæр фæласта ахæст. — Сауындз мæ, сын- дзын арты мæ басудз, ногæй мын мæ сæрмæ сараз тæдзынæг, фæлæ дæ хахуыртæ ныууадз. Бабæтт мæ æнæдомд бæхы дымæ- гыл, кæнæд мæ фæндагсæрдæнтæ, æз уæддæр нæ хъæрздзынæн, нæ, æз уæддæр зардзынæн сæрибарыл, æрмæст ныууадз дæ дау- тæ, мæ бон нæу уыдон быхсын. Æмбарыс, æмгары хахуыр фыддæр у арвы цæфæй.
То^^^гх Джыккайты Шамил — Æгъгъæд! Ныууадз, Гино, дæ хъаст. Кæй хоныс ды ха- хуыргæнæг? Æз адæмы туг æмæ стæг дæн, æз фæтæджы хæстон дæн. Æз æххæст кæнын мæ кадджын хæс, мæныл чи дау кæны, уый дау кæны нæ Цæдисыл. Æгъгъæд кал дæ марг! Æгæртæ дын барын, уый зон. — Цы ма вæййы хахуыр! — йæ мæстытæ уадзы Гино. — Æз сæрибарæн мæ цард нывондæн хастон. Аппæрстон мæ зæрин пъагæттæ... — Уымæй раст зæгъыс! — йæ ныхас ын аскъæфта Айтег. — Германы шпионтæ махмæ вермахты формæйы цæуынц? Уанцон нæу! Зыдтат кусын, зыдтат уæ хуыз ивын. Дæ хæрв аппæрстай æмæ не ’хсæн бацыдтæ — халынмæ, цæлхдуртæ æвæрынмæ... — Мæнг зæгъыс, фæсдзæуин! Æз уе ’хсæн нæ уыдтæн, æз уæ разæй цыдтæн. Хъуыды ма кæныс, аргъуаны кæрты урсытæ æрсагътой ауындзæнтæ, сæ иуыл фыст уыд: мæнæй уымæн. — Æгайтма йæ æрымысыдтæ. Æрцауыгътой дæ? Нæгъ! Йæ цонг чи лыг кæны! Уый фæдсайæн фæрæз уыд. — Æз аирвæзтæн къæппæгæй, — йæхицæн дзурæгау ныхас кæны ахæст. — Уынг дыууæрдыгæй — æхгæд. Лæууынц урс барджытæ. Алидзæн нæй. Мæ сæры фæмидæг æрра хъуыды. Аскъæрдтон уæлбæхæй, смидæг дæн афицерты ’хсæн. Уыдон фæджих сты. Лæууынц уæлхъæдæй уадзгуытау. Уæдмæ æз фæцагайдтон мæ бæхы, сыффытт, æмæ хъæд мæ разы йæхи бай- тыгъта. Мæ фæстæ сыстад рыг æмæ нæмгуыты ’хситт... — Зонæм уыцы факт дæр. Ау, Шкуройы бандæтæн æхсын амонын хъуыди? Уанцон нæу. Сæхион уыдтæ, дзырд уæм уыдис, æмæ дæ ауагътой. Уыйхыгъд адæмы цæсты фестадтæ герой. Дæхиуыл сæ баууæндын кодтай. Зыдтат кусын! Фæлæ гæдыйы къах цыбыр у. Мах зæххыл ын дард цæуæн нæй. — Æвæдза, диссæгтæ уыд нæ царды, — йæ хъæлæсы уаг аив- та Гино. — Знæгтæ уыл æрхъула кодтой Салыгæрдæны. Æз уæд хъахъхъæдтон ком æмæ æфцæг. Мæлæт уæм æнхъæлмæ каст æрвылсахат. Нæ уын уыд разамонæг, нæ зыдтат хæстон хъуыд- даг. Карды бын æмбæлтты ныууадз, уый мæлæтæй зындæр у лæгæн. Тыхст уавæры нæ сæры фæзыны æвирхъау хъуыдытæ. Мæ фæндыл сразы дыууæ хохаджы. Бричкæйы дæлгоммæ ных- хуыссыдтæн. Сæвæрдтой мыл фæйнæджытæ, уыдоныл самад- той къуымбилы рагъ. Рараст сты къуымбилласджытæ комæй быдырмæ. Тæрынц сæ мæллæг бæхты. Гуыргъахъ фæндаг мæ цæгъды æнæвгъау. Ныхасы — урсыты пост. Мæлæты къæсæр
дын зæгъон, æмæ кæфхъуындары дзых. Хъусын тызмæг ныхас, рафæрс-бафæрс. Сгарынц къуымбилы хуылф сæ джебогътæй, рæхойынц æй алырдыгæй, æндон æрцындзтæ æмбæлынц фæйнæгыл. Мæ уд бахауд мæлæтæй царды ’хсæн. Хæсты мæлын æнцон у, æз та мардтæн нывонды мардæй. Фæлæ та фервæзтæн ацы хатт дæр. Æрцыдтæн уæм знæгты астæумæ. Мæ табæтæй мæ систай дæхæдæг. Федтай фæйнæгыл джебогъы фæдтæ. Скод- тон ирвæзæн пълан. Æхсæвы ратыдтам фыдгулты рæхыс, сæ фылдæр цагъд æрцыдысты, мах та нæхи бакодтам хъæды уазæг. Мæ сидтмæ æртымбыл сты нæ къордты пырхытæ. Хъуыды ма кæныс? — дæс боны фæстæ аргъуаны сæрыл фæйлыдта нæ тохы тырыса. Уый диссаджы рæстæг уыд, æхсар æмæ цины рæстæг. — Уый æцæг уыд, — зæгъы Айтег, цыма арф ныуулæфыд, афтæ. — Уæд æрдхорд цæугæ мæсыг уыд, æфсымæрæй зынаргъдæр уыд, — йæ ныхас дарддæр нывæнды Гино. — Ирон лæг цæмæй тарст? Æмгары фыдæх райсынæй. Уый уыди æппæты карздæр æлгъыст. Фынгыл нæ хуыздæр гаджидау уыд æмгары цæрæнбон. Цымæ, цал хатты уагъд æрцыд уыцы сидт? Чи сæ нымайы. Дæ зæрдыл ма лæудзæн Стыр комы хабар. — Гино хабар кæны, цыма æцæг дзаг фынджы уæлхъус йæ зæрдæбын ныхæстæм бахæццæ, цыма рухс мысинæгтыл бафтыд æмæ сæ уарзон æмгæрттæн дзуры, афтæ. — Ком бандиттæй байдзаг. Ам кæрæдзи ссардтой урс афицертæ æмæ бынæттон къæрныхтæ. Адæм сæ абырджытæ хуыдтой. Комбæсты æддæмæ ракæсын нал уагътой — адæмы цæгъдгæ, фосы хæргæ. Дыууæ хатты сæм æрвыст æрцыд сырх отрядтæ. Фæстæмæ-иу дзы раздæхт æрмæст фæдисхъæргæнæг. Хъуыддаг хорз нæ уыд. Хæсгæмард фæуын æлгъыст у. Фæлæ нæ тохы ’мгæртты уыцы амонд дæр нал уыди, сæ сыджыты хайыл нал æмбæлдысты, мæргътæ æмæ сырдты амæттаг кодтой. Хуыздæр хос нæ уыд — мæхи сæм бахъуыди цæуын. Зоныс æй, уыдыстæм чысыл къорд. Фæлæ сын базыдтам сæ бынæттæ, сæ цæуæнтæ. Сымах кæстæртæ уыдыстут, уæ фылдæр — æвæлтæрд. Уым та — цæттæ лæгмартæ. Бахъуы- зыдтæн сæударæй сæ мæсыгмæ, арсы лæгæтмæ куыд бахилай, афтæ. Сбырыдтæн йæ иу тигъыл. Сæрæй сæ æхсын куы систон, уæд лидзыныл схæцыдысты, сæ сæр сæ кой сси. Уый нæртон цуан уыдис: æз — скъæрæг, сымах — разыбадæг. Сæхи кæм лæвæрдтой. Сæ гæрах цæхæр калдта, сæ фæндаг дзы рухс дард- та. Равзæрстон уын хорз рæсæнтæ. Сымах дæр æвзæр нæ са-
(ТТ^^у^^ Джыккайты Шамил рæхстыстут. Афтæ уыд бæргæ. Фæлæ хæст хæст у. Зиантæ дæр ныл цыд. Дæуыл дæр мæлæты цæст æрхæцыд. Цалдæрæй дыл æртыхстысты. Гилдз нал уыд дæумæ дæр, уыдонмæ дæр. Уыдон, бæхджын æфсады чи уыд, ахæмтæ. Æхсаргæрдтæ ферттывтой дæ сæрмæ. Фæлæ хæстамонд мах уыдис. Баййæфтон дæ афо- ныл. Уыдтай сæ дæхи цæстæй. Иу дзы æрфæлдæхт дамбацайы æхстæй, иннæ дыууæ æрхаудтой мæ карды бын. Мæныл дæр баззад сæ фæд — мæнæ ацы нос. Цы дзуринаг у, фæлæ уæддæр. Цæфæй дæ æрхастон уæ хæдзармæ. Хуыцауæй разы, фервæзтæ. Дæ хабæрттæ фæдзырдтай уæ хионтæн. Систай мæ Чырыстийы цъупмæ. Дæ мад æртæ чъирийы скодта. Скуывтой, уæдæ куыд вæййы. Дæ мад хорз ус уыд, — рухсаг уæд, — иу сыкъа нын баназын кодта, йæ дæрзæг æрмттæ нын нæ сæртыл фæлмæн æрæвæрдта æмæ загъта: «Хуыцауы уазæг ут, мæ хъæбултæ. Лæгтыдзуарыл уæ фæдзæхсын, уæ разæй цæуæд æмæ уæ ра- хизмæ здахæд. Æмгæрттæ стут, æмæ, кæрæдзи хъахъхъæнын куыд фæразат, уыцы фарн уын раттæд Бæрзондылбадæг». Йæ къухы хъарм ныр дæр æнкъарын мæ сæрыл, йæ ныхæстæ рухс цырæгътау судзынц мæ зæрдæйы, рох мæ никуы уыд йæ арахъ- хъы ад. Тæхуды, ныр уымæй иу сыкъа нæ, фæлæ иу дурын нын- цъух! Фæлæ кæм и, цы хуыцау æй дæтты. Ды та цы ныхъхъус дæ, ды, дæ сым-сым куы цæуы. Ма бафынæй у, мыййаг. Уæд мæхимæ тæригъæд исын. Мæн та фæнды æнусон фæндагыл сыгъдæг æмæ сæрыстырæй цæуын. Æмæ дæ курын иу хæрзиуæг. Фыдгæнæгæн дæр вæййы фæстаг ныхасы бар, сæххæст ын кæнынц йæ фæстаг фæдзæхст. Мæнмæ тæрхондоны уыцы бар нал æрхаудзæн. Æмæ дæ курын: исты фæндыр мын æрхæсс. Дæ мады хатырæй. Бирæ нæ, цыбыр рæстæгмæ. Мæ цагъдмæ хъусын бирæ уарзтай, хат- гай-иу дæ цæссыг дæр тагъд. Мæнæн та иу мелоди мæ зæрдæйы сæвзæрди, æнцой мæ нæ уадзы. Ацæгъддзынæн æй æмæ дзы фервæздзынæн. Мæ къухтæ пырхытæ сты, фæлæ ма кæд уый фаг сарæхсин. Дæ хорзæхæй, уыцы хорз мын дæ цæст бауарзæд. Ма йæ бавгъау кæн. Уый у мæ фæстаг курдиат. Айтег дзуццæджы бады, ницы дзуры. Уалынмæ сыстад. Фæцыд æфсæн дуары хъыррыст, æмæ ахæст иунæгæй баззад. Цæуы Айтег тар æмæ уынгæг къæлидорты. МАК!-ы агъуыст фыддæр у Криты лабиринтæй. Фæлæ йын Айтег зоны йæ цæуæнтæ æмæ йæ фæзилæнтæ. Зоны фæндаг, ныккæнды Мино- таврау чи бады, уый бынатмæ дæр. Федта йæ ныр дæр, хъуыста 1 МАК — Мидхъуыддæгты Адæмон Комиссариат (Ред.)
МÆЛÆТ -^^ дзы уайдзæфтæ, æртхъирæнтæ, райста дзы ног инструкци, ахæ- сты куыд басæттын хъæуы, уый тыххæй. Хъæуы тæдзынæг фæты(хджындæр кæнын. Уæд кæнæ сдзурдзæн афоныл, кæнæ фæцæудзæн йæ зонд, æмæ дзурдзæн, цы сæ фæнда, уый. Ссардта Айтег скрипкæйы зæронд. Кæмдæр къуымы баззад, æвæццæгæн, йæ куыстæй кæй ракодтой, ахæм музыканты кусæн- гарз. Цæуы фæстæмæ йæ ахæстмæ. Цы хъуыдытæ^ йæм уыд, чи йын цы зоны. Фæлæ дис кæны ахæсты фæндоныл. Йæ иу къахæй ингæны куы лæууы, уæд æй цæй фæндыры мæт ис? Иу афон йæ зæрдыл æрлæууыд Гинойы кадæг «Мæлæт». Фæндырдзæгъдæгæн йæ фæндыр байстой, цæгъдын æй нал уадзынц, æмæ лæгæн ас- къуыд йæ зæрдæ. Уарзта Айтег, æцæгдæр, ацы диссагмæ хъу- сын. Хорз не ’мбæрста мæлæты æфсон, æнахуыр æм каст уыцы лæджы ми, фæлæ йæм арф хъардта кадæджы мелоди æмæ йын баззад æхсызгон мысинагæй. Цæуы талынг, хъуына къæлидоры, йæ алы къуымы мæлæт кæмæн æмбæхсы, уыцы лæгæты. Цæстæй рæстмæ ницы уыны, фæлæ зæрдæйæ уыны ахæсты — уый ныртæккæ ис æнамонд фæндырдзæгъдæджы уавæры. Цæуы æмæ йæхицæн дзуры: «Цы кæнон мæ хицауы приказæн? Нæ, тæдзынæг æм нал уадзын, фæлтау æй фехс æмæ фæци». Фæцыд та дуары удисæн хъыррыст. Айтег исдуг фæуыргъуы- йау. Уыны æмæ хъусы мæрдтæн диссаг. Гино къуымы зыхъ- хъырмæ кæсы æмæ зары. Зары Мæхæмæты зарæг. Айтер-иу арæх хъырныдта ацы зарæгæн. Ахæст нæ хъусы дуары хъыррыст, нæ ракаст фæстæмæ, сисы фæлмæн хъæлæсæй: Ой, дæлæ мын фæрвдоны — Кæрчытæ ’мæ бабызтæ. Ой, кæдæм лидзыс, Гуыргъохъ, Кæд дын ыстонг у, Уæд дын уæрдоны — Кæрдзынтæ ’мæ харбызтæ. Цæмæн æрымысыд мæлæты къæсæрыл ацы зарæг? — фæрсы йæхинымæр Айтег. — Лæг мæлæтæй фæтарст, йæ сæр бафснайдта — уый, цы нæ ’рцыд, ахæм диссаг нæу. 0, фæлæ Гуыргъохъ хæсты быдыры ныууагъта йе ’рдхорды — æнусон худинаг йæ фæдыл уымæн бафтыди. Йæхи фæдыл нæ, йæ мыггагыл дæр фидис ныууагъта йæ гакк, сæ зæрдæтыл баззад сау хъæдгомæй, æнусон носæй... Ирон фидис сау фæд уадзы, ныхсæн ын ницæмæй ис, нæ цæуы тугæй дæр...
ТУ^ййй^гх Джыккайты Шамил Айтег радта ахæстæн фæндыр, йæхæдæг иуварс лæууы. Райс- та Гино инструмент, йæ риссаг æнгуылдзтæй асгæрста тæнтæ, æркаст æрдынмæ, къæбæлтæ баздыхта æмæ йæ цæсгомыл фæзынд худызмæл. Æрдын тæнтыл асæрфта æмæ байрад сæ зæллангæй. — Цымæ цы у хъысмæт? — дзуры йæхи фæрсæгау. — Ног цардыл тох кодтон æмæ зæронд ныккæнды æмбийын. Адæмæн хастон сæрибар, уыдон мæ скодтой цагъар. Цæуыл калдтон мæ туг? Цы мын у ацы хъизæмар? Æрра! Цыдтæн сæуæхсидмæ, уый та разынд туджы цад. — Лæг абонсарæй фыццаг хатт ныхъхъæр- зыдта. — Нæ, мæ мæнгард æрдхорд, æз хъæрзгæ нæ кæнын. Адæммæ азым нæ хауы. Ам мæн адæмы знæгтæ дарынц, уыдон марынц сæрибар. Фæлæ рухсæн марæн нæй, сæрибар рухсы тын у! Цы у мæ хъизæмар? Амыран мин азты ис лæгæты, рæхыс- бастæй. Йæ зæрдæ йын цæргæс æхсыны. Уый зындæр уавæры ис, фæлæ быхсы. Искуы йын фехъуыстай йæ хъæрзын? Никæд! Быхсы — адæмы сæраппонд, сæрибары охыл. Зоныс, зарæгæн марæн нæй. Мæ зарæг мын зардзысты дæ цот. Уырнæд дæ! Хъус ныр, æз дын ракæнон æрдхæрдты кадæг. Уый уыд æрдхæрæны кадæг. Уый уыди æхсар æмæ намысы зарæг, æмæ йæм къулы зыхъхъырæй калдысты дыдзы хуры тынтæ; уый уыди гадзрахат æмæ мæлæтыл хъарæг, æмæ йæм куыдтой ныккæнды къултæ дæр. — Æгъгъæд! — иу хъæр ыл фæкодта талынггæс. — Бацу къулмæ. Слæуу рудзынджы бын. Слæуу дын зæгъын! Кæс рухсмæ! Ахæст слæууыд къулрæбын. Разæй — рухс, фæсте — сау мæлæт. Фæцыд топпы хъæр, фæцыд къуырма гæрах. Ахæсты буарыл аныдзæвыд лæмæгъ ток, фæсонтыл ацыд гæзæмæ дыз- дыз, фæлæ ахæст баззад лæугæйæ. Сæры февзæрд иунæг хъуы- ды: «Топпы цæф афтæ рог у, уый æнхъæл никуы уыдтæн». Уалынмæ зæххыл фæцыди уæззау гуыпп. Ахæст йæхиуыл нал æууæнды, исдуг цавддурау æмырæй аззад, стæй разылд хатæнмæ. Айтег зæххыл хуыссыди æдзæм мардæй.
^^10 УАЛЫТЫ Лаврент ДÆ БÆСТЫ ЦÆРАЙÆ ÆППÆЛÆМ Æппæлæм нæ зондæй, нæ фыдæлты кадæй, Æргæвды нæ не знаг нæ фыдæлты кардæй. Дзыллæты тæрхоны кæй бадæм æгадæй, Нæ уынæм гъе уый дæр нæ фыдæлты кадæй. Æрдхорды ныхæстæй Зæхх кæм вæййы хъæздыг, Уым аскъуыйы тугыл йæ тыллæг, Æмæ дзы нæ мæлы фыргуыстæй мæгуыр лæг. Фыдæлтæй æз хъуыстон: «Ис зонд æмæ зæхх. Кæм ысты, фæхæссы нæ амонд уым цъæх». Кæд афтæ у ’цæг, уæд нæ Ирæн Ысфæлдисæг радта куырыхонтæ бирæ. Хуыцау æмæ зæдтæн ыстæм мах æрвæдтæ, Уæд, æвæццæгæн, не стæм Историйы дугъы бырæттæ, Сæ цард у æвæсмон аланты ирæттæн, Сыгъдæг у сæ цæсгом фыдæлты æфсæдтæн Фæстæгты фæстагæтты раз дæр. Кæд афтæ у ’цæг — Цæуыл у нæ сагъæс? Размæ! Хорз у æппæлын, ыстауын, Зонд, сæ рухсæй куы гуырой Хурæмсæр фарны хъуыддæгтæ, Куы ысса дæхи хор дæ куырой, Дæ зæххыл куынæ уай æддæгтæй; Хорз у æппæлын, фыдæлты тыгъд быдыртæ тауын, Дæ дзугтæ куы хизой æгæрон уыгæрдæнты тауыл, Ноджы хуыздæр та -— æгъдауыл Паддзæхты дæ фынгмæ куы хонай, Ронг сын куы фыцай дæ аджы, Куы дæ хоной уыдон сæ хъонах.
6^-**чсг*. Уалыты Лаврент .^^^5^ ... Æвæццæгæн, афтæ уыд Дугты ыссывды ’хсæн раджы — Доны, Дунайы дæлвæзтæ Куы хуыдтой фыдæлтæ сæ бæстæ, Лæгдзинад куы домдтой хъуыддаджы, Зæххы тымбылæг куы барстой Сæ бæхты цæхæркал цæфхæдтæй, Се стыр зæрдæйæ хуыцæуттæн Цыдæртæ куы барстой, Суанг æфхæрд дæр, Æцæгæлон адæм сæхицæн куы ’взæрстой Алантæй паддзæхтæ, Сæхи ныл куы бастой, Куы сæм уыди кадджын нæ зæхх дæр; Хорз у æппæлын, де знаг куы дзура: «Хуыцауимæ иу у сæ туг Æмæ уымæн у ИРÆТТЫ ДУГ!» ... Æви афтæ нæ уыди кæддæр!? — Хæлармæ — хæларæй, Хæраммæ цæттæ Уыдысты сæ æрттигъ-фæттæ; Хорз у æппæлын, дæ бæсты куы гуыра Сослантæ, Гæбатæ, Черментæ... Куы сæ хона де знаг Æрвнæрæг паддзæхтæ, Куы дын уарзой де ’взаг, Ысдзырдхъом куыннæ уой дæ фыдæлты зæхмæ... Куынæ уа ирæттæй Æдзытæй цытджынтæ, Сæтойтæ, бырæттæ, Æхцайы цагъартæ. Зæндджынæй æбартæ. Хорз у æппæлын, Фæлæ дæм ныр уый та куыд кæсы? — Ызнаг дæ æргæвды дæ райгуырæн къæсы, Дæ бæстæ дын судзы, ыстигъы, рæмудзы, Дæу чи уыд æнусты, ныр уыцы зæхх исы, — Дæ цæссыг дæ русыл...
ДÆ БÆСТЫ ЦÆРАЙÆ Дæ æрдзæй нæма дæ мæлинаг, — Бындзарæй дын тоны дæ уидаг. Хорз у æппæлын, куы зонай, У сау зæхх дæ дарæг, Дæ быдыр, дæ хуымы куы кусай Æмæ дзы ды зарæг Фыдæлты æвзагыл куы хъусай, Ызнагæн æдзухдæр Куы уынай йæ чъылдым, Куы дзурай, фырхъалæй тамако ыздухгæ: «Фæтæхы мæ тути, мæ чъырттым!» Хорз у æппæлын, куы уынай дæ бæсты Скифтæн сæ бæсты Чи цæвы де знаджы ных, Чи у йæ дзыллæйы иугæнæг тых! Дæ бæсты цæрайæ куы цæрай дæхæдæг, Дæ бæсты цæрайæ куы цæра дæ фæтæг. МÆ ИРЫСТОН Тæхынц, тæхынц дæ цъæх дымгæтау азтæ, Мæн та фæнды дæ зæрдæйы цæрын. Уыдис мын хай, мæ Ирыстон, дæ уарзтæй, Ды мын сырдтай мæ сон æмæ мæ рын. Цы мын хастай мæ удыкондмæ хорзæй, — Мæ зæрдæйыл сæ иууылдæр фыстон. Мæ фыдау дыл нæ рауагътон æз хор-зæй, Фæлæ дын сæ мæ зарджытæй фыстон. Дæ рæуджытæ — дæ цъититæ, дæ хъæдтæ, Дæ хъал Терк у дæ тугдадзин, æфсургъ. Дæ базыртæ —- дæ горæттæ, дæ хъæутæ. Цæрæнт, цæрæнт, мæ фæндиаг рæсугъд! Дæ уалдзыгон цъæх дымгæтыл мæ зæрдæ Æрыгонау ыстъалытæм тæхы. Дæ арвы бын дæ сæрдыгон изæртæй Нæма федтон фæлмæндæр æз зæххыл. 2 Мах луг № 12, 2003
^Ув^-иа^ "^ Уалыты Лаврент ^^^^^^ Мæ Ирыстон, уыдис мын хай дæ уарзтæй. Ды мын сырдтай мæ сон æмæ мæ рын. Мæ амонд уыд дæ цин æмæ дæ мастæй, Зæрондæй дæр æз уыдонæй цæрын! НЫХАС КЪОСТАИМÆ Къоста, ныббар, æмдзæвгæтæ кæй фыссын Æмæ поэт кæй æнхъæлын мæхи. Уæлмонц бæллиц мæ зæрдæйы нæ хуыссы, Кæны мын уый кæлæнтæ æмæ хин. Æдзух мæнмæ дæ фæдисы хъæр хъуысы, Дæ рухсы фæд йæ фæдыл сайы мæн: Дæ мæгуыр Ирæн домыс мæн æххуысыл, Мæ зæрдæ йын куыд кала рухс тæмæн. Бæргæ, бæргæ, Хуыцауы зынг мæ риуы Дæуау куы калид фыруарзтæй цæхæр, Мæ бæстæйы фыццаг куы уаин зиуы, Йæ сæрвæлтау куы хæссин æз мæ сæр. Фæлæ Хуыцауæй арфæгонд нæ фесты Бæсты фарнæн мæ хуызæттæ сæ куысты. ÆМБÆЛТТÆМ Уæ худинаг — уæ зыд — мæ цæсты бахауд: Фыццаг хатт уын уæ æцæг цæсгом федтон. Кæмæн хонæм йæ уд сыгъдæг цырагъау, Уæ зæрдæтæй фыдгæнæгау уый федде. Нæй хуры тафс уæ зæрдæты, уæ куысты. Кæд ма федтат, уæйгæнæг уа фыссæг!? Сымах цæут хæрвивæджы фæлысты... Сæ фынгæй уын куы раппарынц ыстæг, ’Куыдзы монц уæд уæ тугдадзинты скусы, — Хæлофæй йыл кæрæдзийы хæрут. Лæджы зæрдæ уæ сау митæй æнкъуысы, — Цыма зæххыл æнæмæлгæ цæрут.
ДÆ БÆСТЫ ЦÆРАЙÆ ^<^^1Э) Нæ поэтты рæстадыл-иу куы дзырдтам, Уæд æй хуыдтам рæстагондæр æмдзыхæй, Фæлæ уæ ныр къæбæрамал куы ’рсырдта, Уæд бирæгътау уæ бал ыссис йæ ныхмæ... Къостайы кой нæ фидауы уæ дзыхы. Йæ амонд уыд — нæ уыдыстут æмдугон. Уый фесæфтой, куы бацыди йæ тыхы, Уæ салд тугæй кæмæ уыдис, гъе уыдон. ХОХАДЖЫ ХУЫНД А горæтæй ахъуытты уæм хъуамæ, Базонæм нæ царды бонтæн аргъ. Хонын дæ мæ чысыл хохаг хъæумæ: Фенай, уым куыд рæсугъд зары маргъ. Горæтау нæ бады сæг йæ сæрмæ, Хъусдзынæ ыстъалыджын æхсæв Цъитигуырд æхсæрдзæнты сæр-сæрмæ. Уым æндæр у сонт зæрдæйы цæф. Иунæг хатт сæуæхсиды куы фенай, Цъититыл куыд бандзары цъæх арт, Уæд æдзух уындзынæ уый дæ фыны Æмæ дæм рæсугъддæр кæсдзæн цард. Бонцъæхтыл æфсирджын ^орты сæрмæ Джиго-цъиу цæгъды йæ удæй арт. Уый дæуæн фæзардзæни изæрмæ Æмæ дæм рæсугъддæр кæсдзæн цард. Цом, хæлар, мæ чысыл хохаг хъæумæ, Базонай уæливыхæн йæ ад. Уым кæсы нæ фæзындмæ æнхъæлмæ Мадæлтæй æппæты хуыздæр мад.
Уалыты Лаврент ÆШЕРАСТ ХЪУЫДДÆГТÆ Дуг цавæрфæндыдæр уæд, Туг уæддæр нæ ивы. Дард куырыхонтæн сæ фæд Абон дæр æрттивы. Чи нæу а зæххыл Æцæг, Чи кæны фæливæн, Арæх фенхъæлæм уый лæг, Фæлæ у хæрвивæг. Иутæн у сæ цард гуыбын, Рухсы куырд у иннæ. Не скæндзæни мыд дыдын, Зилы ныл уый хинæй. Вайсæм мыдыбындзæн мах Фæззæджы йæ бæркад. Уый хъул никæд бады сах, Уæгъды у йæ лæггад. Фæлæ уый уæддæр хæссы Мыд йæ хъуынджын къæхтыл, Кадмæ не ’нхъæлмæ кæсы, Нæу йæ цард дæр уæгъды! * * * Цæстæй, хæлар, кæд хорз уынын, уæддæр Цырагъы рухсмæ агурын æз лæг, — Пехуымпар æй куыд агуырдта кæддæр, — Мæ сæрæй йын кæд бакувин ныллæг. Уынын къæхтæ, уынын уæцъæф дæр, гуыр, Ыссы куыройау цавæрдæр æфсæр Æнæрлæугæ бæсты фæллой, мæгуыр, Фæлæ нæ уынын цæсгом æмæ сæр.
ДÆ БÆСТЫ ЦÆРАЙÆ ХЪÆДДАГ ÆГЪДАУ Хæрын кæй хъæуы бирæгъы, уый зонæм. Кæд цæрæгойты хъахъхъæны рын, сонæй, Уæддæр уый у нæ тæрхоны зылын: Йæ зыд-кæрæф йæ архайды зыны. Хæссы йæм алчи алыхуызон фау: — Гуыбыны фаг куынæ у иу фыс, ау! — Цæсгом дæр ма дзы иу чысыл хъæуы! — Фос нал баззад мæ райгуырæн хъæуы! Дыккаг мардæрцыд — сырдтæ йæ фæзмынц: Сæхимæ айстой бирæгъы æгъдау. О Уастырджи, æххуысмæ нæм фæзын, Æви дын не стæм бирæгътæн æвгъау? Фыдгулты хъæды бирæгъ уæд æфсинæй. Æрмæст ингæн у хосгæнæг къуыпсинæн. АБАЙТЫ УАСОЙÆН Хуыцау ын радта амонд, Йæ райгуырдæй нырмæ Фæци йæ мæсыг амад, Фæлгæсæм дзы бынмæ. У мæсгуыты бæрзонддæр, Нæй фидардæр бæстыл. Æрцыд уый конд йæ зондæй, Йæ уаз удæй куысты. Йæхицæн нæ, нæ Ирæн Ыскодта намыс, цыт. Фæрнæй фæцæрæд бирæ Йæ бæстæн ахæм фырт. Нæ Иры стъалы арвæй Кæсдзæн, хæсдзæн йæ рухс, Кæндзыстæм ын мах арфæ Сæдæ сæдæ æнус!
*22^ -*--«-^ Уалыты Лаврент ДÆ РУХС Æз федтон дæу фæцæйцæугæ, дæ рухс Ныгуылгæ хурау ивылди дæ фæстæ. Кæд у мæ сæр Сæнайы сæрау урс, Уæддæр мæ гуыр æрбалвæстон дæ цæстмæ. Уыдтæ кæддæр зынг бæллицты тыхтон, Æмæ-иу фесты ме ’хсæвтæ æгъуыссæг. Амуры арты уыдон æз сыгътон, Фæлæ мæм ды нæ фæзындтæ æххуысмæ. О Стыр Хуыцау, цы бавзæрста мæ уд, Уый мин удæн дæр фаг уыдаид мастæн. Уæларвон зæдау дæ ныр дæр рæсугъд. Æвæццæгæн, зæрондгæнæн нæй уарзтæн. Æндæр мæ риуы ног цы ссыгъта арт, Æваст цæмæй фæрæсугъддæр мæ цард? РÆСТДЗИНАД Куынæ дара йæ къухы кард Рæстдзинад, уæд вæййы æдых, Æмæ ысхъомпал вæййы цард... Кæмæн сæхгæндзынæ йæ дзых? Кæм ис, кæм æй агура лæг? Сызгъæрин галуанты? Нæ, уым Æрцыд фыдгæнæгæй куынæг, Æлгъаг ын у сызгъæрин къуым. Цы лæг, цы зæд ын кæны аргъ? Кæм ис йæ райгуырæн, кæм цæры? Æмæ кæуыл нæ кæны æлгъ? — Нæ удты нæй, нæдæр нæ сæры. , Сæдæ сæдæ азы пехуымпар Æппары адæммæ йæ дзырд. Йæ сæр — Рæстдзинадæн йæ хуымпъыр, Йæ уд — Рæстдзинадæн йæ цырт.
ГВЗДВНТЫ ТЙЙ70: 100 ЙЗЫ
ГÆЗДÆНТЫ Гайто УАДДЗААХ АДÆМ Радзырдтæ доны ахæстон (^иапс! поиз зоттез зеик 1оп§1етрз, поиз реирЬпз 1е у\йе с!е Гапсотез. Маираззап!;1 алынмæ æз æнæхъæн афæдзы дæргъы горæтæн йæ иннæ кæронырдыгæй цардтæн, уæдмæ, Парижы «Одеон»-мæ хæстæг цы фысымуат ис, уым ме ’рбаздæ- хынмæ æппындæр ницы аивта. Грекъаг студент лæппуйы уаты раздæрау грамма- фон бæстæ йæ сæрыл иста йæ фырхъæрæй, раздæрау ме ’ндæр сыхаг, æрыгон лæппулæг Венæйæ, уыд сабыр æмæ ра- сыг, фарон-иу куыддæриддæр уыд, афтæ; раздæрау фысымуаты хицау, æввахсдæр сæм цы кафе ис, уым хъазыд къамæй, æнæрхъæцæй сæ рацæгъд-бацæгъд- гæнгæйæ, æмæ-иу ын йæ ус цы ’хцайы муртæ радта, уыдон æмбулын кодта. Ус йæхæдæг фæсæвджындæртæ, фæкар- дæрæнгæс, — фæлæ ма уæддæр раздæрау удаист æмæ мæстæлгъæдæй баззад, — æмæ фыццагау сæ уазджытæй тарст: уæдæ сæ чи цы фыдбылыз сараздзæн, зæгъгæ- иу ын ахæм ныхæстыл фæцис, куыстæй- иу цы рæстæг фæсæрибар, уый иууылдæр. Æппæтæй тынгдæр та уымæй тарст, æмæ, 1 Дзæвгар рæстæджы лэергъы зыбыты иунæг куы вæййæм, уæд нæ алыварс дупс æндæргтæй байдзаг кæнæм. Мопассан У
УАДДЗАЛХ АДÆМ куыд вæййы-цы вæййы, фæлæ сын сæ фысымуаты цæрджытæй исчи куы нæ бафида Ныронг сыл ахæм бæллæхæй никуыма ницы ’рцыд, алчи дæр сæ афойнадыл фыста йæ цæрæггаг мызд, — стæй дзы, о, фæуæд, фæлæ, зæгъæм, чидæр нæ бафыста, зæгъгæ, уæддæр уымæй нæ фæмæгуырдæр уыдаид, уымæн æмæ хъæздыг сылгоймаг уыд, — æрмæст уæддæр удæнцой нæ зыдта. Стæй, æнæсцухæй ахæм фæдисон уавæры кæй цард, уый ма йын цыдæр æгъдауæй зынаргъ дæр сси, сахуыр ыл, раст ын йæ амон- дау садджын, уымæн æмæ йын уый, удмард æмæ уæнгмард уа, ахæм бар нæ лæвæрдта, разæнгард æй кодта, ног хъару æмæ йын тыхтæ хаста, цæмæй сæ фæрцы алцыдæр нывыл æмæ афой- надыл кæнын йæ бон уа, æппæт дæр рагагъоммæ хынца — æмæ йыл уæд, цæмæй тæрсы, уыцы цæф нæ сæмбæлдзæн, ничи дзы нæ фæлидздзæн, сæ уатæн сын, кæй дзы цард, уый тыххæй нæ бафидгæйæ. Уымæ тырнын, ууыл тыхсын ссис йæ сæйрагдæр мæт, æндæр фысымуæтты хицæуттимæ йæ зæрдиагдæр ныхас, кæд сæ, мыййаг, искуы исчи исты ахæм хабар æрыхъуыста, на- уæд та сæ, чи зоны, сæхицæй искæуыл ахæм сайд æрцыд, зæгъгæ. Æмæ, дзырдæн, йæ уды мидæг уыцы адджын, уыцы зынаргъ, афтæ кæимæ фемдзæрин, уыцы иугæндзон сагъæс нал ис, рав- дæлон дзы, уæд ын, æвæццæгæн æмæ, йæ цард æппындæр царды ад нал кæнид. — Байхъус-ма мæм, Жан, — дзырдта-иу йæ лæгæн, — æвддæсæм номырмæ цырддзастдæр æмæ къæрцхъусдæр куы уаин, уый мæ фæнды цæмæндæр. Цыдæр ыл цыма амбæлд, фæстаг рæстæджы йæхи тынг æнахуыр дары. Ды дæр ма йæм дæ хъус æрдар. Фæлæ уымæ, къамæй хъазын йæ удæй фылдæр кæй уарзта, уыйадыл æндæр хабæрттæ нымады дæр нæ уыдысты, йæ хъуы- дытæ иудадзыгдæр къамтæй хъазынимæ баст уыдысты, æндæр æй ницы æндæвта æмæ суанг хæргæ-хæрыны дæр ууыл хъуыды кодта — зæгъæм, йæ хъæрмхуыпп-иу æм кæд æмæ æнад фæкаст, уæд-иу уадидæгæн йæ зæрдыл дысонизæры хъазт æрлæууыд, йæ хъуыддаг æппындæр куы нæ цыд, уый; науæд та иннæрдæм — кæд-иу лывзæ хæрзад рауад, уæд та-иу, сабаты куыд хорз ацыд йæ хъуыддаг, куыд хорз-иу фæцарæхст, уый æрбаймысыд, йæ усы ныхæстæ та — цы, уыдон æм æууæнчы аккаг, йæ хъус сæм æрдара, уый аккаг никуы кастысты, раст сты, не сты, уый та ницы ахадыдта. Йæхи ныхæстæй-иу ын дзуапп лæвæрдта, æцæг ын сæ-иу сæ бынæттæй баивта æмæ-иу сæ уайдзæфгæнæ-
*2б^ --^-«г^ Гæздæнты Гайто джы хъæлæсыуагæй дзырдта, стæй-иу дзуапп раттыны размæ, цы йын зæгъдзæн, ууыл дæр цъус дæр сагъæс никуы акодта, æвæстиатæй-иу срæцыгъта йæ дзуапп. Загъта йын-иу фæрсæгау: — Æвддæсæм номыр у æнахуыр? Мæнмæ та афтæ нæ кæсы. Уæдæмæ уый ды дæхæдæг дæ æна- хуыр, мæ уды гага.. — Йæ былалгъыл-иу цы абадт, уый лæхурдта, æмæ уыцы хъуыддагыл дæр афтæ фæцалх, ахæм æнæмæнгæй кæнгæ хъуыддаг æм райдыдта кæсын, мæнæ фынджы цурæй сыстгæйæ бандон иуварс куыд акæны, науæд та былтæсæрфæн салфеткæ куыд райхалы, афтæ. Иуахæмы та йын йæ ус æвддæсæм номыры цæрæгæй куы рахъаст кодта, иннæ ’хсæвтау та ногæй сæумæдзиккуыры цыппар сахатыл æрбаздæхт, зæгъгæ, уæд ын афтæ дæр ма загъта: — Æвддæсæм номыр? Æмæ уый ды дæхæдæг куы ’рбаздæхтæ райсомы цыппар сахатыл, — афтæмæй йæ ус та никуы никæдæм цæуаг уыд æмæ æхсæвы иуæндæс сахатæй фæстæмæ уæвгæ дæр никуы схуыссыд. Фæтæргай ус æмæ, хæкъуырццæй кæугæйæ, дзырдта, æз, дам, куы нæ уаин, уæд отель дæр раджы фесæфта- ид, æмæ уымæ гæсгæ хъуамæ иууылдæр уымæй, усæй разы уой, — æмæ та йын уæд лæг дæр та мæстæймарæгау загъта: — Уый хъуамæ ды дæхæдæг уай æппæтæй дæр разы, разы æмæ арфæй- аг, мæ уды гага, — æмæ къамæй хъазынмæ ацыд. Кæд усæн исчи зæрдæбынæй тæригъæд кодта йе ’рымысгæ удхæртты тыххæй, уæд уый уыд иу къаннæг зæронд лæг — уазæгуаты-иу сæм арæх æрбауад, уыдис ын диссаджы бæзджын нæргæ хъæлæс, æппындæр ыл йæ чысыл асмæ гæсгæ нæ фидыдта; фæлæ зæронд лæджы ныхæсты уæз нæ уыд, нæ ахадыдтой, уымæн æмæ йæм æппындæр йæхи хъуыды, йæхи зондæй гуыргæ хъуыды никуы ’рцыд, уый хыгъд, фæллад циу, уый нæ зыдта, ноджы ма иттæг мæлгъæвзаг дæр басгуыхт, — æцæг-иу, цы дзырдта, уым дæр йæхи зондæй ницы ссардтаис. Æндæр исчи йæ нæ самидин код- та, зæгъгæ, уæд æм мацы хъуыдымæ æнхъæлмæ кæс; хи зондæй хъуыды кæнын цы амоны, циу, куыд вæййы — уыдæттæ бамба- рын йæ бон нæ уыд. Чысыл дæр зондæй архайын кæм хъуыд, цыфæнды хуымæтæг уынаффæ бакæнын дæр, уый дæр дзы ма бадом, уымæ дæр æм ма банхъæлмæ кæс; фæлæ йæ цуры исчи истыфæнд бахаста, зæгъгæ, уæд уайсахат ссудздзæн, йæ фарс- ласæг фæуыдзæн æмæ, йæ нæргæ-араугæ хъæлæсæй цъиувæ- дисгæнгæ, дзурдзæн: — Æмæ уый, мæнæ мæ Хуыцау куыд федта, уый, рæстдзинад
УАДДЗАЛХ АДÆМ цыдæриддæр у, уый куы у! Сыгъдæг рæстдзинад, æцæджы рæстдзинад! Æмæ, тас1ате, дæуæй растдæр уый тыххæй ны- ронг куы ничи-ма ницы загъта! Топпы фатæй растдæр куы сты дæ ныхæстæ! Æцæгæй дæр, кæуыл æууæнда лæг? Нæ, нæ, тайате, æз æй мæ фондз æнгуылдзы хуызæн зонын: ды цыдæ- риддæр дзурыс, уыдон сты иттæг раст, уыдон сты тынг æцæг, уыдон сты айдагъ рæстдзинад, иунæг рæстдзинад, æрмæстдæр сыгъдæг рæстдзинад! — Æллæх, æллæх, иннæтæ дæр мæ, ды мæ куыд æмбарыс, афтæ куы ’мбариккой, уæд бæргæ, бæргæ, — загъта-иу фысы- муаты хицауы ус дæр. Зæронд лæг-иу куы фæцæуæг, уæд-иу йæ фæдыл хицау акаст æмæ-иу ын йæ хъусы бадзырдта, бынноз æргуыбыргæнгæйæ: — Луизæйы ныхæстæ дæ зæрдæмæ хæстæг ма хæсс; тынг нервыннæй сси, стæй, раст дын куы зæгъон, уæд бонæй-бонмæ æдылыдæр кæны, йæ сæры æппындæр зонды хъæр нал ис. Æмæ йын никæй ницы бон у, адæймаджы кар йæхионтæ домы. Æмæ-иу уæд зæронды хъæлæс дæр йæ хæдуæлвæд ныннæ- рыд: — Ды, мæ зынаргъ æмæ адджын æрдхорд Жан, бынтон рæстытæ дзурыс, бынтон, æз æй рагæй дæр зыдтон, йæ уавæр ахæм кæуинаг кæй у, уый. Æз разы дæн демæ. О, о, тынг не- рвыннæй сси. Стæй ма дзы уый дæр ис, уый — ахæм кары ма цы ’мбара, дæхæдæг æй тынг раст бахахх кодтай... Уынджы-иу фисыныл кæрæдзийæн хæрзæхсæв, кæнæ хæрзбон загътой, æмæ та-иу зæронд лæг кафемæ баздæхт сырх сæны агуывзæ баназынмæ; кафейы хицау дæр йæ рагон зонгæтæй уыд, æмæ-иу æй уый дæр бафарста: — Уыдонмæ та уыдтæ ногæй? О, зæронд, æвæджиауы быхсон лæг дæ, уый йеддæмæ куыд фæра- зыс ахæм цæттæ идиоттимæ дзурын, уыцы сæрхъиппытимæ? Цы сæ, уæдæ, схуындæуа Луизæйы дæр æмæ Жаны дæр — идиот- тыл ма сыкъатæ разайы исты?... — Æмæ ууыл та дызæрдыг чи кæны? — нæрыд-иу зæронды бæзджын хъæлæс, — æмæ уый тыххæй ныр æз демæ куы сбыцæу уаин, уæд æппындæр раст никæцырдыгæй уаин. Зæронд йе ’фцæгготы риуæгънæджы дардта Намысы легион- ты лент, — райста йæ, цотджын кæй басгуыхт, уый номыл: би- нонтæ йын уыдис цыппæрдæс сывæллоны, — æмæ йын уыцы ленты тыххæй кад кодтой, нымадтой йæ; йæ лент адæммæ кас- тис цавæрдæр æбæрæг, фæлæ æнæдызæрдыггаг фарны символ, зæронд лæджы йæ базыры бын цы фарн бакодта, уый нысан —
'Г28^ ---> Гæздæнты Гайто '^^^^^ фæлæ йæ зонгæтæй исчи афтæ куы загътаид, зæронд, мæнæ хуымæтæджы æдылы цы вæййы, уый у, æндæр ницы, зæгъгæ, уæд ахæм дзурæгæн йæхиуыл фæхудтаиккой. Кæддæриддæр хæрзæфснайд æмæ хæрзарæзтæй цыд уынгмæ, даргæ та кодта айдагъ сау костюмтæ; йæ цæсгом уыд сырххъулон æмæ æмпылдтæ; фæлæ йын стыр æмæ рæсугъд цæстытæ. Лæджы мидуавæры æууæлтæй йын æрмæстдæр дыууæйы уыд сæ бон равдисын: фыццаджыдæр — тæхудиаджы цардхуыз æнгас, мæнæ- иу дзургæйæ цы хуыз райста, уый; дыккаг та — ай йын бынтон æнæнхъæлæджы мидуавæр схонæн ис — йæ цæстыты-иу цы удхар æмæ утæхсæн сцæнд сты, уыдон ацы дзæнгæдацæгъдæгæн кæм уыдысты, зæгъгæ-иу дис кодтаис. Уый йын сæ æрдз скодта афтæ æрхуым æмæ æнкъард, зæгъгæ, дæр ахъуыды кодтаис, фæлæ æрдзы сфæлдыстадон тыхтæ дæр фаг нæ разындысты, цæмæй, Намысы легионты ордены кавалер чи у, уый æцæг фы- дох бамбарынхъом уа. Фæстæмæ куы ’рбаздæхтæн, уымæн йæ фыццаг изæр мæ ру- дзынг байгом кодтон, стæ-ма, зæгъын, акæсон, мæ бакомкоммæ мæнæй уæладзыг уæлдæр цы ’лвыдсæр мæгуыргур зæронд лæг цард, уый ма, цымæ, уым цæры. Зыдтон æй: æхсæвы иуæндæс сахатыл йæ чысыл хуыккомы цъынддзаст цырагъ ссудздзæн, æмæ йæ сæрыкъуыдыры зылын-мылын аууон райсомы цыппар сахатмæ уаты царыл мамазила æмæ фесхъиу-фесхъиу кæндзæн. Рудзынгæй акастæн æмæ йæ базыдтон, алцыдæр йæ бæрæг бы- наты кæй ис, уый; мæгуыргурæн йæ бирæ азты ахуырæн фе- халæн нæ уыд, фæлæ, зæгъæм, иу дзæбæх бон æз уый куы фед- таин, æмæ афойнадыл йæ къуымы рухс не ссыгъд, уæд ма мын æй цы зонын хъуыдаид, зæгъгæ, лæг кæнæ мæлгæ акодта, кæнæ та йæ адзалы тæккæ сахатыл ис. Уыйбæрц дæргъвæтин рæстæг цæуыл хæст вæййы, уымæн бамбарæн нæ уыд, — кæнæ чиныджы кæсы, кæнæ исты архайы; фæлæ ахæм зыбыты мæгуыр æмæ ахæм æдых уыд, æмæ исты куса, уый дæ нæ бауырныдтаид. Боныгон æй цалдæр хатты уынджы федтон æмæ йæм-иу æргом дисгæнгæйæ æмæ тæригъæдæй мæлгæйæ кастæн. Æдзух дæр-иу ыл ихæнриз бахæцыд, тыхтæй-амæлттæй-иу лæууыд йæ къæхтыл, йæ уæлæ та ’рмæст цыдæр æнахъинон бызгъуыртæ. Денджызон æфсæддо- ны зæронд худ йæ сæрыл, афтæ бынноз-иу æй æркодта йæ ны- хыл, æмæ-иу йæ цæстытæ нал зындысты. Фыдзæронд уыд, къо- зо зæронд æмæ тынг тæригъæддаг, алчи дæр-иу бар-æнæбары йæ фæстæ ракаст, суанг ма базаргæнæг сылгоймæгтæ дæр, уыцы
УАДДЗАЛХ АДÆМ ^-^-УТя) хуыцауылгъыст фыдзæрдæтæ æмæ къуымыхтæ; фæлæ дын иухатт æрыгонгрекъаг лæппу, фидæрттæарæзт уæйгæнæг, уæй та банантæ кодта, саудзаст æмæ йын нарæг гыццыл ных, о, æмæ йын уый йæ фæстæ адзырдта: — Ахæмты, уый хуызæтты ивылд доны ’ппарын хъæуы, бæргæ. — Мæгуыргуры сæрыл сдзырдта иу сæвджынтæ æхсин-ус, йæ уæлæ ног модæйы цъындатæ æд сау зæвæттимæ. Йæ мидбылты хъæлдзæг бахудти æмæ фæкод- та: — Бабыхс, ды дæр зæронды бон уымæй хуыздæр уавæры нæ уыдзынæ, — стæй æвиппайды рафыхт æмæ ма йæ ныхæстæм бафтыдта: — æрмæст ды, цалынмæ нæма базæронд дæ, уæдмæ дæ доны ’ппаринаг, мæнæ ацы тæккæ сахатыл. — Грекъагмæ йæ ныхæстæ хъуысгæ дæр нæ фæкодтой, ницæмæ йын сæ ’рдардта. Зæронд та, ризгæ æмæ рацуд-бацудгæнгæ цыд аслам рестора- нырдæм: ам йæхицæн тæбæгъы дзаг сурвых картоф, стæй сапо- ны хуызæн, цыдæр хъуынадзæф цыхты къæртт æмæ дзулы кæрдих балхæдта; æмæ, уыдон цæугæ-цæуыны æууилгæйæ, фæстæмæ фæндзæм уæладзыгмæ здæхт; цалынмæ-иу асинтыл йæ уатмæ схæццæ, уæдмæ-иу дæс-фынддæс минуты рауад. Изæргæрæтты адæм ивылын райдайынц æхсин-ус Ма- тильдæмæ, уый дардта лæппутусты чысыл хæдзар: йæ таравг дуæрттæ æмæ рудзгуытыл рæсугъд денджызы хъазтæ æмæ ди- динджыты нывтæ конд. Æрцæуджытæ сæхи хиуылхæцгæ хъæлдзæг дардтой; æрмæст дын иуахæмы нывджын дуары раз кæцæйдæр расыг матрос фегуырд, мидæмæ бырсы æмæ хъæр систа: —|е уеих 1а ра^гоппе!1 — æмæ йæ дыууæ æрыгон лæппуйы æнæ уæлдай загъд-надæй иуварс акодтой. Фæлæ уый не ’нцад; ногæй та-иу хъæр систа, æмæ та-иу дуар куы фегом æмæ та-иу æй æрыгон лæппутæй исчи куы бафарста: — Цы дæ зæрдæ ’рца- гуырдта, дæ уæздандзинад? — уæд-иу матрос дæр уыцы лæгъз æмæ фæлмæндзырд сси æмæ-иу дзуапп лæвæрдта: — Цалдæр ныхасы мæ ис нымадæй уæ кусæнуаты директрисæимæ, æцæг лæгæй-лæгмæ. — Фæлæ та-иу æй уыцы тæхудиаджы сылгой- маджы афтæ тынг бафæндыд æвæстиатæй фенын, æмæ та-иу йæхи нал баурæдта, ногæй та-иу лæгъстæйагæй хъæр кæнын райдыдта: — ]е уеих 1а ра!;гоппе! }е уеих 1а раГгоппе! — уалын- джы æппынфæстагмæ дуарæй ракаст æхсин-ус Матильдæ йæхæдæг: йæ цæстытæ зылдысты цæссыджы ставд цæппузыртæ, йæ фындзы бын дардта хæрздæфгæнæг фындзыкæлмæрзæн. Уыдис фæлурс, æвзыгъд æмæ зæрдæсаст. Æмæ матросæн 1 Мæн хæдзары æфсин хъæуы!
^ЗО^ ^4--^ Гæздæнты Гайто йæ уымæлдзæф хъæлæсыуагæй дзырдта: мæ дзæбæх дзиба, уый бамбарынхъом дæ ды дæр, мæ къона, æмæ, дæу цы фæнды, уымæн ницы хуызы ис гæнæн; мидæгæй та агъуыстæй æддæмæ цадæг- гай ивылдысты дыууæ егъау граммафоны музыкæйы рогбазыр æврæгътæ, æмæ уыцы æврæгътæ ленк кодтой æхсин-ус Матиль- дæйы алывæрсты, иннæрдæм хызтысты йæ диссаджы зæрдæисгæ буары æмæ уæлдæфы тадысты, зилдух кодтой, матросы сæ ад- джын хъæбысы тухгæйæ; уый та феррамæ бирæ нал хъуыд, йæ уды быцъынæг тыдта мидæмæ, йæ бон нал уыд йæ мондæгтæ уромын; фæлæ йыл фæстаг хатт дуар куы рахгæдтой, уæд ма уæнгмард хъæлæсæй ныхъхъæр кодта бынтон ныфссастæй: йæ зæрдæ æппындæр ницæуылуал даргæйæ: — ]е уеих 1а ра1;гоппе! — æмæ цæхгæрмæ ныццавта, рацуд-бацудгæнгæ æмæ мæйдары ныгъуылгæйæ. Уыцы хуыдалынгмæ телыхъæдтæй уæлейæ бынмæ сæ цæстытæ ныззынг кодтой цыппæрдигъон фанартæ — сæ мидæг сыгъд кæрдæгцъæх-урсбын арт. Фæстæмæ мæ фысымуатмæ куы ’рбаздæхтæн, уæд та, афæ- дзы размæ цы цардæй цардтæн, уыцы цæрдтытæй цæрын райдыд- тон: фыццагау та ницы куыстон æмæ йæ нæ зыдтон, райсом цы уыдзынæн æмæ куыд уыдзынæн, уый; мæ дзыппытæ — афтид, уартæ кæддæр алы рæтты-бæстæты цы дард денджызы уылæн- ты музыкæ хъуыстон, уый та ныр мæ хъусты æнæрынцойæ зæлыд æмæ зæлыд. Мæхи-иу уырындыхъхъыл куы ’руагътон, уæд-иу мæ цæстытыл донкъубалæджы сæрмæ дзедзыройгæнæг гамак ауад Босфоры æрвцъæх-фæныкхуыз уæлцъар, донæй æмдзæхгæр сыстæг алæмæты рæсугъд виллæтæ, цыма сæ фыны уынын, уыйау мæ цурты симдтой урспæлæз наутæ, æмæ хъандзалбазыр мæргътæ, æмæ доны гуылфæнты тыбар-тыбургæнæг айдæнтæ, æмæ-иу мæ уыцы кæлæнгæнæг нывтæ æрлæмæгъ кодтой, æмæ- иу мæ буар ныххыссæ, æртæфст-иу мыл мæ цард-цæрæнбонты фæллад, раст-иу цыма ме ’хсæв сылгоймагимæ арвыстон, уыйау. Æмæ-иу тыхтæ-амæлттæй нæ уагътон мæ цæстыты æрцъынд кæнын, æмæ-иу уыдтон, мæ уаты цы дзаумæттæ ис, уыдон-иу куыд бауддзыд сты æмæ-иу сæхи цардæй цæрын куыд райдыд- той, — æнахуыр рухс-иу шифанеры айдæныл смамазила, ме стъо’лыл-иу чиныджы сыфтæ спæр-пæр кодтой, талынджы-иу хихсæны мидæг урс мармæр нау фæцæйленк кодта, æмæ мæм йæ дæргъæццон тымбыл рудзынггондæй зынд доны уацайраджы урс цæсгом — фарон æй куыд ныууагътон уым, афтæ йæ, фæстæмæ ’рбаздæхгæйæ, æрбаййæфтон йæ доны ахæстоны.
УАДДЗАЛХ АДÆМ ^ ^ ^хл\ ^^^^«^У Рудзынггондыл уыд æфсæн телтæй чысыл каубыд, æмæ йæм боныгон дæр куы фæкомкоммæ дæн уыцы иллюминаторы хуы- зæн дæргъæццон тымбыл рудзынгмæ, уæд мæм мæ зæрдæ афтæ сдзырдта, цыма уыцы чысыл уацайраг йæ гуккытæй каубыды телтыл фæхæцыныл архайы æмæ мæнмæ йæ лæгъстæйаг цæстытæй æххуысагур кæсы. Æз ам, ацы фысымуаты цы цардæй цардтæн— йæ мидис-нысан та мæ цардæн уыд æнæмæнгæй исты бахæрын, де уæлæ дæ дарæс скæнын, чиныджы кæсын, уынгмæ рацæуын æмæ ныхæстæ кæнын искæйтимæ, — уый цыма мæ бирæ цæрдтытæн сæ иу хуыз у æмæ йæ уыцы иу рæстæг алы рæтты фæйнæхуызон уавæрты æрвитын — уæлдæфы æмæ доны мидæг, ам æмæ фæсарæнты, цæгатаг бæстæты миты рагъыл æмæ фурды былгæрæттыл судзгæ змисы уæлæ, — афтæ-иу æнкъард- тон мæхи кæддæриддæр; стæй ма-иу уый дæр зыдтон, æмæ, уымыты цæргæ æмæ цæугæйæ, æз бар-æнæбары дæр фæцагайын бирæ æндæр кæйдæрты, мæн хуызæн цæрдтытæй цæрджыты — адæмы, цæрæгойты æмæ лæгуат æндæргты. Иуæй-иуты дзы мæ цæстытыл ауайын кæнон, уый дæр мæ бон нæ уыд; æрмæст мæм- иу афтæ каст, цыма уыдон сау фæлмæн базыртыл тæхынц, конд та сын сты, æз мæ дунейыл дæр кæуыл никуы аныдзæвдзынæн, ахæм диссагæн хæссинаг буарæй. Иннæты та мæ тæккæ цур уыдтон; æз-иу кæдæм цыдтæн, уырдæм мемæ цыдысты, æз сыл раджы сахуыр дæн, раст ма ууыл дæр сахуыр дæн, æмæ цыдæр æбæрæг фæткмæ гæсгæ æгомыгæй дзурын кæй зонынц, æз сæ- иу æнæ дзургæйæ дæр æмбæрстон, суанг ма дзы хицæн дзырдтæ æмæ хъуыдыты сæр дæр ницæмæн хъуыд, уыдæттæ уыдонæн æгæр тыхстаджы æмæ уæлдай фæлмæцыды хос уыдаиккой, мæнæ, сау зæрватыччытæ цуан кæуыл фæкæнынц арвы быдыр- ты, уыцы бындзыты рухсдзæф базыртæн куыд зын тæхæн свæййы тæрккъæвдайы хæдразмæйы уымæл æнхъызт дуне, раст афтæ. Хаттæн-иу уыцы удгоймæгтæ, цыма мæнмæ цы бæллæх кæсы — куы сæрра уон, уымæй кæй тæрсын, уый цыма рагагъоммæ зыд- той, уыйау-иу мæ цуры февзæрдысты æмæ батыгуыр сты, мæнæ йæ адзалы рынчын чи фæвæййы, уый уæлхъус куы бамбырд уой хионтæ, уыйау, — æмæ-иу сæ базырджын æфсæдтæ мæ сæрыл- дзурæг басгуыхтысты, мæ хъахъхъæнджытæ: хуыдалынджы-иу зилдухæнтæ систой, æмæ-иу куы тары фесты, куы та-иу ногæй фæзындысты, æмæ мын-иу мæ зæрдыл кæйдæр рох цæстытæ æнæнхъæлæджы куы ’рлæууын кодтой, уæд-иу мæ улæфт къуых- цытæ кæнын райдыдта, зæрдæ-иу мæ риуы скатай; æвиппайды-
Гæздæнты Гайто иу мæ хуыссæнуат æнахуыр ныффæлмæн æмæ-иу ныкъкъуырф, æмæ-иу уый æрфытæй куы скастæн, уæд-иу чысыл уацайраджы лæгъстæйаг фæлурс цæсгом уыдтон; æмæ-иу уæд тарф фынæй бадæн уадидæгæн. Райсомæй-иу мæ ногитувæрд костюм скодтон, мæ сæр-иу бæстон ныффастон æмæ-иу уæд, аходæны фæстæ, фæраст дæн тас1ето15е11е Ткомæ — йæ дзурыны аккаг дæр нæу, иу ахæм лыстæг хъуыддаджы лæуд уыдыстæм æмгуыст-æмвосæй: æз ын цыдæр чысыл мыздыл Францы рагон театралон аивады тыххæй алы чингуыты хъæугæ æрмæг агуырдтон, Флобер, Анатоль Франц æмæ йын Бальзакæй цитатæтæ хастон æмæ йын æмбарын код- тон, абзацтæ æгæр арæх куы ’вæрай, уымæн йæхийау, уæд уый хорз кæй нæу. Кæд сæ цыфæнды бирæ уарзта, уæддæр. М-11е Ткойы царды карьерæ бирæтæн æмбæрст нæ уыд, уымæн, æмæ йæм ницы ахæм мулк бамбырд, ницы уанæбæрæг ис-бис, афтæмæй та тынг хорз фатеры цард, бирæ фæлхас кодта æхца, йæ уазджыты хынцта шампайнаг сæнæй, — раст зæгъын хъæуы, сæ хæрзтæй нæ уыд йæ сæн, фæлæ уæддæр шампайнаг уыд йæ ном, — стæй йын йæ уæлæдарæс дæр сæ ницытæ-мацытæй не схуыдтаис, акалын сыл хъуыд æнæвгъауæй æхца. Уæвга та, ныр- ма æрыгон æмæ рæсугъд сылгоймаг уыд — иннæтимæ абаргæйæ, æмæ уый йæхæдæг дæр фаг уыд, цæмæй йæ зонгæтæ ма ихсий- ой. Францагау дзырдта рæдыдтимæ, стæй зына-нæзына уырыс- саг акцентимæ, о, уырыссагау дзургæйæ дæр — францаг акцен- тимæ — рæдыдтæ уагъта: йæхи мадæлон æвзаг та йын нæ уыдис, кæд йæ равзæрдмæ гæсгæ дзуттаг уыд, уæддæр. Йæ хатæнты къултыл ауыгъд уыдысты дуне портреттæ, сæ бынмæ бирæ цыдæртæ фыст — куы англисагау, куы испайнагау, куы франца- гау; æмæ-иу æй исчи куы бафарста: — Ай та чи у? — уæд-иу, йæ цæстытæ-иу дард кæдæмдæр адзæгъæл сты, афтæмæй дзуапп лæвæрдта: — О, уый мæ тынг рагон, мæ рагондæрты рагондæр хæлар у. Чызг ма куы уыдтæн, уæддæр ма мæ зыдта. — Афтæ йæ фæндыд зæгъын, зæгъгæ, ома йæ гыццыл чызгæй дæр зыдта, йæ чызгон бонты, фæлæ дыууæты ’хсæн цы хъауджыдæр ис, уый йæ сæр нæ ахста, ноджы ма уæлдай худæг йæ дзуапп уымæн уыд, æмæ т-11е Тко мой не скодта. Æмæ йæ йæ уазджытæй иу, уырыссаг критик, тынг фыддзых æмæ искæй æлхыскъгæнаг лæг, куы бафарста ахæм дзуаппы фæстæ: — Æвæццæгæн, чызг ма куы уыдтæ, уый тынг раджы уыдаид æцæгдæр, нæ? — уæд ын йæ фарсты гуырымыхъ уаг нæ бамбæрста æмæ йын сыгъдæгзæрдæйæ
УАДДЗАЛХ АДÆМ ^. ^ <*^Г?> ^З?^^^ загъта, о, тынг раджы, дам, уыд мæнæй уый чызг. Æппæты стырдæр портрет дзы æрхауд испайнаг инæлармæ йæ буц æфсæддон да- рæсы: инæлар уыд зæронд, дардта урс рихитæ, сæ кæрæттæ йын æрзæбул сты, æмæ йæ хуымæтæг ныфсхаст лæджы цæсгом уый- адыл райста Тарас Бульбæйы æнгæс. Портретыл стыр дамгъæтæй фыст уыдысты Ламартйны ныхæстæ, инæлар æй, æвæццæгæн æмæ, зыдта, кæд уый æнхъæл никуы фæуыдаис, йæ цæсгомы æууæлтæм ын кæсгæйæ, уæддæр: «Е* $иг 1е$ аПе$ с1и 1:етр$ 1а ]'еипе$$е $' еп уа».1 Фæлæ йæм уыцы ныхæстæ фаг рæсугъд æмæ дæсны загъд нæ фæкастысты, — кæнæ та, чи зоны, æмæ йыл йе ’фсæддон миниуджытæ фæтых сты, уыдонмæ гæсгæ та литера- турон цитатæ дæр хъуамæ полчъы оркестрау дзæбæх зæлланг кæна, — æмæ уæд инæлар дæр йæхи хардзæй поэты зæрдæмæ- гуыргæнæг рæнхъыты фæстæ æртæ хæрзхаст хъæрон нысаны æрцæлхъ ласта, æмæ уый охыл Ламартины ныхæстæн сæ мидис кæрцвæлдæхт фæцис, хынджылæггæнгæйæ цыма загъд æрцы- дысты, хъуыддаг афтæ рауад. Фæлæ уæддæр инæлар æмæ т-11е Ткойы зæрдæмæ дæр тынг цыд уыцы стыр къам, ноджы йыл мæлæты бæстон æмæ бæлвырдæй бæрæг дардтой инæлары бæрæгбоны фæлысты вазыгджын æууæлтæ; тынг ма цыд сæ зæрдæмæ цитатæ дæр, уæлдайдæр уыцы бæркадджын михтимæ, — кæд, инæларæн ахæм æвзонг цæргæсы хъæрахст цæмæн æрца- гуырдта йæ зæрдæ æмæ кæй æрыгон дугыл уыд йæ сагъæс, уый бамбарæн нæ уыд, уæддæр. Иннæ портреттæ къаддæртæ уыды- сты, стæй сыл нывгонд чи уыд, уыдонæн сæхи дæр ма бирæ быдыртæ хъуыд инæлары цыт æмæ кадмæ; æрмæст дзы уæддæр æппæтæй фылдæр уыд испайнæгтæ, — фæлæ æз т-11е Ткойы куы бафарстон, бирæ, зæгъын, фæцардтæ Испанийы, — уæд мын загъта, æрмæстдæр, дам, дыууæ къуырийы. Æмæ уæд æз дæр портретты тыххæй бæлвырддæр дзурын райдыдтон, æмæ мын бамбарын кодта, испайнæгтæм зæрдæздæхт цæмæн фæцис, уый — æз, дам, латинæгты адæмыхатт хъулон уарзтæй уарзын: фæлæ латинæгтыл та кæй нымадта, уый æнæдиссаг нæу — францæгтæ йын цæмæдæр гæсгæ уыдонæй нæ уыдысты, уыцы номы аккаг сæ нæ хуыдта цыдæр фæткмæ гæсгæ. Дарддæр ма йæ уымæй фæрсон, уыцы ныфс мæм нæ разынд, æмæ мын уæд йæхæдæг загъта, уæддæр, дам, уыцы хъуыддагæн ницы бамбар- дзынæ, зæгъгæ; гъемæ æз дæр уæд скарстон, чи зоны, æмæ, 1 «Æмæ рæстæджы базыртыл атæхы ’взонджы дуг". 3 Мах дуг № 12, 2003
Гæздæнты Гайто зæгъын, æцæгдæр испайнæгтæ æмæ францæгты ’хсæн ис цавæрдæр физиологон хицæндзинæдтæ, æрмæст сæ хуымæтæг адæймаджы зондæй æрцахсæн æмæ бамбарæн нæй, афтæмæй та т-11е Ткойæн арвы хъугау бæрæг сты, — мæнæ, специалист чи нæу, уымæн, зæгъæм, мæлдзыджытæ мæлдзыджытæ йеддæмæ куыд ницы сты, фæлæ сæм зонæг лæг æхсгæ каст дæр куы ’ркæны, уæд сæ кæрæдзийæ уайсахат куыд райдайы иртасын, раст афтæ. Йæ фатер т-11е Тко дзаума хъуаг нæ уагъта, ноджы йæ тынг хæрзæфснайдæй дардта, дзаумæттæй та сæ алкæцыдæр баст уыд исты бæрæг цауимæ. Рудзынг æмæ йæм диваны ’хсæн лæу- уыд стыр хъисфæндыр — арфа, æмæ-иу уынгты уæзласæн ма- шинæ куы фæцæйцыд, уæд-иу уый, цыма исты мелоди цæгъды, афтæ бадыз-дыз кодта, т-11е Ткойæн баззад йæ дзæнæтыбади- наг æмбал чызгæй, уый хæрзæрыгонæй амард æмæ дзы йæ мæлæты размæ куырдта, цæмæй йын æй йæ номыл фæдара, ма йæ фесафа. Чи уыд æмæ цавæр адæймаг уыд йе ’мбал, уымæн æз æппындæр ницы зыдтон: фæлæ, т-11е Тко куыд дзырдта, афтæмæй уый уыд иттæг фырнымд æмæ курдиатджын сылгой- маг. — Е11е е!:аи1;5иг1е рот1: с1е тоипг,1 — загъта т-11е Тко, уырыссаг æмæ францаг дзырдтæ хæццæгæнгæйæ, — æмæ мын бафæдзæхста: цыдæриддæр дæм дзаумæттæ ис, уыдоныл ату кæн, ацы арфайæ фæстæмæ. Æмæ йын уæд æз дæр загътон мæ уарзон æмбалæн: та раиуге реШе, Ш реих еГге 1;гап§ш11е.2— Рояль та йын балæвар кодта итайлаг граф, йæхæдæг бынтон гæвзыкк чи уыд, ахæм: гъемæ рояль æфстау-кредиты куы райс- та, уæд ын æрмæстдæр йæ ласæггаг бафыста, стæй йын йæ аргъæй дæр фыццаг фиддон бахаста, уый фæстæ кæнæ Миланмæ афтыд, кæнæ та Генуямæ æмæ ууыл фæцыдæр, нал фæзынд фæстæмæ: фæлæ-иу музыкалон дуканийы агенттæ куы ’рбацы- дысты æмæ-иу дзы роялы тыххæй æхца куы домдтой — кæй йæ тыхсын кæнынц, уый тыххæй дзы стыр хатыртæ кургæйæ дзæвгар рæстæджы дæргъы, — уæд-иу т-11е Тко загъд-замана самадта æмæ-иу дисæй мард, уый та куыд, цавæр æхца, зæгъгæ. М-11е Ткойы библиотекæйыл аудын, йæ цæст æм дарыны хæс йæхимæ райста цавæрдæр хъуыстгонд лæг, æрмæст, бæлвырдæй чи у,,уый та т-11е Тко нæ хъæр кодта — æмæ йын уымæн æфсон уыд; фæстæдæр æй куыд базыдтон, афтæмæй йын йæ библио- текæйыл æнувыдæй тыхсæг йæхи скодта иу сенатор, æцæгæй 1 Йæ адзалы къæсæрыл лæууыд. 2 Мæ къона, дæ зæрдæ мыл дар.
УАДДЗАЛХ АДÆМ ^. 5/35) дæр дæрдтыл хъуыстгонд лæг, йæ ном ын кæй нæ хъæр кодта, уымæн та йын ахæм æфсон уыд — сенатор ныр афæдз æмæ æрдæг бадт ахæстоны, къазнайы ’хцатæ кæй ныкъкъуыввитт ласта æмæ вексылы кæйдæр бæсты йæ къух кæй бафыста, уымæй азимагæй. Райдианы францаг классиктæй æддæмæ библиотекæйы ничи уыд, стæй уæд т-11е Тко йæхи фæрæзтæй балхæдта Надсоны, Турге- невы æмæ Декобрайы романтæ — сыгъдæгзæрдæйæ уый нымадта нырыккон фысджыты хуыздæрыл, фæлæ цæмæн, цæй охыл, уымæн та æппындæр бамбарæн нæ уыд, ноджы йæ кæд æмæ хуыдта Анатоль Францы ахуыргæнинаг æмæ фæсдзæуин. М-11е Тко зæрдиагæй афтæ нымадта, æмæ диссаджы зæрдæмæдзæугæ сылгйомаг кæй у, алкæимæ дæр æвæджиауы хорз кæй бафидауы, фæлæ йæ уæлдæр æхсæнад æмæ Парижы æнæрвæссон, былысчъил цæстæнгас фехæлдтой, стæй бафæл- лад царды уæлæнгай дидитæ-бибитæй æмæ рæузонд аивадæй. Ахæм хъуыдытæм та францаг романтæ кæсгæйæ адзæгъæл: æдзухдæр йæхи уыцы чингуыты архайджытимæ барста, æмæ-иу персонаж цас фæзминагдæр уыдис, алцæмæй раппæлинагдæр, уыйас-иу æй йæхи æнгæсæн тынгдæр хуыдта. Уæдæ бынтон йæхи халæмдихыл та Дианæйы нымадта — Декобрайы романтæй кæцыдæры архайæджы. — Æмæ йын иуахæмы æз йæхи куы бафарстон, — дзырдта т-11е Тко; тынг бирæ хъуыстгонд адæмимæ зындгонд уыдис т- 11е Тко, кæнæ та, растдæр зæгъгæйæ, афтæ хъуыды кодта, цыма семæ хорз зонгæ у; ахæм адæмæй-иу искæмæн, исты буц хуын- ды фембæлгæйæ, зына-нæзына уыцы хиуылхæцгæйæ йæ сæрæй куы акуывта — уымæй йæм уæздандæры гакк ницы каст, — æмæ йæм-иу уый та йæ цæстытæ куы фæдзагъул ласта, ома ай та ма дзы кæцытæй у, зæгъгæ, уæд-иу т-11е Тко, йемæ-иу хуынды æмбалæн чи ацыд, уымæн афтæ бакодта: «Ке§агс1е2 то1 са, с’ ез!: ип реи $оП циапс! тете»,1 о, æмæ йын иуахæмы йæхи куы ба- фарстон: дæ хорзæхæй, зæгъ-ма йæ, ау, мæнæн мæ ном Дианæ у? — уæд Декобра бахудтис æмæ загъта: реи1 е!:ге Ыеп. ОЬ, П ез!; Ггез йп,2 æз тынг хорз æмбарын Декобрæйы. О, æдзух дæр-иу афтæ дзураг уыдис: æз тынг хорз æмбарын хабар, афтæ ма ’нхъæлут, — раст-иу цыма, кæимæ ныхас кодта, уыдон рагацау афтæ хъуыды кодтой, æмæ, цæуылдæриддæр дзу- рой, уыдæттæн уый мур дæр ницы бамбардзæн, куы сæ бамбара, 1 «Æрбакæс ма мæм, уанцон нæу, цы мæм ныдздзагъыр». 2 афтæ дæр уыдзæн. 0, тынг хорз æй бахахх кодтай.
(^Зб^- -•=--«-^ Гæздæнты Гайто уæд та сæ уымæй стыр дисы бафтаудзæн, уыйау. Æцæгæй дæр æй сыдæй амар, æрмæст искæй дисы бафтауæд. Йæ ныхасæм- бæлтты-иу дисы бафтауынь’гл йæхи æргом хъардта, алы æнахуыр хабæрттæ-иу мысыд, фæлæ йын диссаг йæхицæй дарддæр никæмæ кастысты, мæгуырæг. Æрвыл изæр дæр æм хъуамæ дыууæ-æртæ уазæджы саккаг кодтаиккой. — Æз бирæ адæм нæ уарзын зонын... нæ зонын уарзын, — дзырдта-иу, — с1ез §епз цш зе сотргеппеп!; Ыёп, ^иоР æмæ æмсæр адæмы минæвæрттæ чи сты, ахæмты. — Уазæгуаты йæм æппæтæй арæхдæр цæуаг уыдысты аббат ТеШ æмæ по- этессæ Раймондæ — католикты, буддисты æмæ-иу пысылмæтты дины тыххæй уыдоны дæргъвæтин ныхæстæ, алы æдзæлгъæд дзæнгæда æмæ-иу дзыбандытæй адæймаг стыхсти. М-11е Тко йæхи католиктæй нымадта; уыцы хуызы уырнæг та йæ комкоммæ аббат ТеШ скодта — лæгуынсæр æмæ иудадзыгдæр йæ мидбыл- ты худæг лæг сауджыны дæргъæй-дæргъмæ пæлæзы, уырыссаг цай уарзаг æмæ бисквиттæ æнæнымæцæй хæраг. Аббат æдзухдæр одеколоны тæф кодта, стæй æппынæдзухдæр йæ мидбылты худт; æмæ йæм-иу æз æнæбары кæсынтыл куы фæдæн, уæд-иу мæм æнæнхъæлæджы мæ зæрдæ афтæ сдзырдта, цыма йын чидæр йæ сæры тæккæ астæу иу ахъаззаджы мыхъхъ æрласта, æмæ уый охыл фæкуыддæрау, æмæ уæд йæ цæсгомыл дæр мидбылхудт бандыгъд æмæ, цалынмæ æрчъица йæ цæфы фæстæ, уæдмæ уыцы мидбылхудт дæр йæ былтыл ныхæстæй лæудзæн. Аббат йæ мид- былты худын никуы уагъта; æрмæст-иу, уый дæр ныхасы ахастмæ гæсгæ, йæ былты æвæрд ивта. Йæ мидбылхудтæн та ивæн хуыз- тæ дзæвгар уыд; суанг ма-иу исты зæрдæмæгуыргæнæн ха- бæрттыл куы бацайдагъ ныхас, исты ахæм сагъæссаг цауты кой- иу куы рауад, уæддæр-иу аббат йе ’рфгуытæ бæрзонд систа, йæ бакаст-иу мæнæ раст тæфæрфæсгæнæджы æнгас райста — фæлæ-иу уæддæр фыццагау йæ мидбылты худтис, æмæ-иу æй уыцы хуызы бамбарæн дæр уыд: хæсты, о, уыцы мæгуыртæг адæм амардтой т-11е Ткойы ’фсымæры, фæлæ йæ цы ’гъдауæй хъуамæ зыдтаиккой, цы хуызы йæ хъуамæ ’мбæрстиаккой раз- вæлгъау, арвыл та уымæ цы ’нхъæлмæ кæсы, уый? — æмæ-иу алцьХдæр афтæ нывыл, афтæ ’мбæлгæ нывтыл карст рауад, æмæ- иу æм никæй зæрдæ схаста, ничи-иу фæизгард йæ ныхæстæй. Æнæуи та-иу аббаты мидбылхудт уыд искæмæн хатыргæнæгау, стæй дын цыма йæ зæрдæ ’нæкæрон бирæ цыдæр хæрзтæ зæгъы, 1 кæрæдзи чи ’мбары
УАДДЗАЛХ АДÆМ ^^^ЛТ\ т ^^^^^у уыйау; йæ мидбылхудт дын аивæй æмбарын кодта, зæгъгæ, аб- бат æппæтдæр зоны æмæ хынцы æмæ уыйадыл йæ фæлмæн мид- былхудтæй худы адæймаджы ’рдзон лæмæгъдзинæдтыл æмæ ницæуылуал дис кæны; æмæ, æцæгдæр, аббаты дын макуы мацæмæй баййæфтаис рохст æмæ æдзæттæйæ, — цæуылфæнды куы рауадаид ныхас, уæддæр-иу уымæн йæ бакаст ахæм уыд, цыма йын алцыппæтдæр рагæй нырмæ зындгонд у, цыма уый алцæй тыххæй дæр йæхирдыгонау хъуыды кæны, алцæй тыххæй дæр ын цыма йæ хъуыдытæм къух бакæнæн нæй сæ фыррыстæй — уæлæрвтæй Чырыстийы дыккаг æрцыды тыххæй дæр фæуæд, науæд Балканы адæмты цардыуаг, науæд æлыгджын бæстæты кроликтæ дарыны пайда æмæ йæ хицæндзинæдтæ, — ахæм фи- дис та йын иухатт поэтессæ Раймондæ бакодта, фæсаууонмæ фидис, кæд йæхæдæг, кроликтæ куыд даргæ сты, уымæн мур дæр ницы ’мбæрста, уæддæр — кроликты кой та, дам, уымæн ракодтон, æмæ, æрдз циу, уымæй йæ ’мхуызонæй кæй уарзын. Аббат-иу истæй тыххæй йæ хъуыдытæ дзурын куы райдыдта, — дзургæ та æрмæстдæр æхсызгон хабæрттыл кодта, зæрдæйæн æнæхъыг, — уæд-иу æй афтæ бамбарын хъуыд, зæгъгæ, æмæ уый, иу хатдзæджы фарс дæр фидарæй кæй нæ лæууы, уымæй йæ алыварс адæмæн стыр хорзы кæй цæуы: дзургæ кæй кæны, уымæй та хуымæтæджы ныхас нæ кæны, фæлæ уыцы хуызы йæхимæ бæрнон хæс исы — иу-цалдæр хъуыдыйады зæгъыны буц хæс, ноджы сæ зæрдæхæлар мидбылхудты фæлмæн хъæда- бæйы батухы адæмы хæрзæбонæн, фæлæ-иу уæддæр фенхъæлд- таис, цыма йæхимидæг хи æфхæры, ахæм хæрзхуымæтæг адæ- мыл йæ католикон, æппæтылæххæссæг зонд кæй фæлхас кæны, уый тыххæй. Фæлæ уæддæр аббат стъалытæ арвæй нæ тыдта армыдзагæй — афтæ дзы уырыссаг критик загъта, уый дæр-иу арæх æрбауайаг уыд т-11е Ткомæ, иу дæс æмæ йыл ссæдз азы цыдаид, фысымы цæсты та уæлдай нымады уымæн уыд, æмæ францаг æвзаг æмбисонды хорз кæй зыдта — уымæн йæхимæ гæсгæ; уæвгæ та йæм критик уазæгуаты йæ хæлæггаг уынд-кон- ды тыххæй нæ цыд, т-11е Тко йæ мидзæрды куыд хъуыды кодта, афтæ, фæлæ уый бынтон æндæр æфсæнттæ разæнгард кодтой ардæм цæуынмæ, лæджы хуымæтæг зæххон цардимæ баст æфсæнттæ: т-11е Тко йæ тæккæ фысгæйæ цы пьесæ уыд, уымæн ын йæ хъуыды критик бацамыдта, æмæ йæм-иу кæнæ æхцанхъæл фæзынд, уый йын дæттынвæнд дæр цы ’хцатæ нæ кодта, уыдон æнхъæл, кæнæ та-иу радон акты хицæн сценæтыл бæстон æрны-
($]^&^-^ Гæздæнты Гайто хасы охыл уыдаид йе ’рбацыды сæр. Аббаты хъазынуарзаг, хын- джылæгæмхиц зондæн йæ уд-йæ дзæцц уыдысты хъуыдыйады алдымбыд фæзилæнтæ, т-11е Тко йын сæ æвæджиауы арæхст- джын æмæ ирд хуыдта, æцæгдзинадæй та зæрдæхæццæгæнæнтæ уыдысты сæ уæлæнгай хъуыдытæ æмæ фыркъæбæлдзыгæй. — Ош, — райдыдта-иу аббат æмæ-иу ахæцыд, — поиз у1уопз епШигез с!е туз!:еге е1 с’ ез1:1:ои]оигз поизцш еШ:оигопз Г тсопгш.1 Кæнæ та: цие 1е С1е1 с1езсепс1е ^з^и’а 1а 1егге, Б1еи пе йезсепс^гак раз ^зди’аи с1е1.2Ахæм ныхасбæстытæ йæ рæбыны цæттæйæ æнæхъæн æргъом дардта, æмæ-иу сæ дзурыныл куы фæцис, уæд- иу, уаты мидæг уæлдæф æдзæмæй куыд бандзыг, уымæ хъусгæйæ, йæ ныхæстæм æнæмæнгæй бафтыдта: — Ех. 3. ’аШеигз, ци’ еп зауопз поиз?3 — æмæ-иу уæд т-11е Ткойы сонт уд фырцин æмæ фырдисæй сцæйхауд. Уыйау лæмбынæг ма йæм хъуыста поэтессæ дæр; тæргæйттæгæнаг са- бийау ма-иу йæ дзых дæр чысыл байгом кодта, æмæ йын уый дæр хъуыдыгонд уыд, ома йæ дзых афтæ аив æмæ чысыл байгом кæнын, мачи йыл хъуамæ фæхуда, мæнæ цы ’нæджелбетт ис, мæнæ, зæгъгæ. М-11е Тко йæ мидзæрдæйы йæхи уæлдæр, размæцыддæр адæ- мыл куыд нымадта, зæрдæмæдзæугæдæртæ æмæ зондджындæр- тыл, афтæ поэтессæ та йæхимæ каст мæнæ уды гагайау æнæтæригъæд саби, йæ сывæллоны бонты куыд æнæхин æмæ зæрдæисгæ уыд, раст тæккæ ахæмæй йæ кары бонты дæр чи баззад, ууыл. Фырхудтæй-иу бакъæцæлтæ, артæнхæлдтæ-иу кодта, йæ уæхсчытæй фесхъиу-фесхъиугæнгæйæ, æмæ-иу цыдæр æнахуыр хъæлæсæй — йæхимæ гæсгæ та саби сывæллоны хъæлæсæй — дзырдта: — ОЬ, ^ие уоиз е^ез те сЬаШ:!4 — стæй- иу йæ былтæ размæ рацъупп ласта, æрмæстдæр зына-нæзына. Поэзи та йæм каст, дæ зæрдæйы дзæбæхæн кæм тезгъо кæныс, ахæм бынат, кæнæ къохгонд, æмæ дзы сабитæ гаккырисæй хъа- зынц, — æмæ уыцы хъуыдытæ иуахæмы хъæрæй дæр загъта, фæлæ йын йæ ныхæстæ критик йæ хъыллистæнгæс худыны бын куы фæкодта, уæд ын фæхъыг æмæ фæтæргай, критик та худгæ- худыны дзырдта, уæ цæстытыл, дам, ма Виктор Гюго, йæ къухы гыццыл хъазæн бел, афтæмæй ауайæд, науæд Верлен æмæ Бодлер 1 О... мах сусæгдзинæдты астæу цæрæм, стæй æбæрæг цыдæртæ кæддæриддæр мах хуызæттыл æрхъула кæнынц. 2арв ома Зæхмæ ’рцæуы, фæлæ Хуыцау та арвы онг не ’руадзы йæхи. 3 Стæй мах уымæн цы зонæм? 4 Уæуу, мæнæ цы фыдзæрдæ дæ!
УАДДЗАЛХ АДÆМ хъæдын бæхтыл бадгæйæ, кæнæ та Оскар Уайльд цыбырфадыг хæлафы, йæ разæй цалх тулгæйæ. Фæлæ поэтессæ йæ дæсны- йады ахъаззагдæр куыст мæй скодта, мæй æмæ мæйы рухс — йæ алы æмдзæвгæйы дæр мæй сæйрагдæр архайæг уыд, æмæ-иу куы арвыл — «мрамор ном, как коллонады эллинов» — фæзынд, куы «в гостиной, похожей на оранжерею», куы та дыргъдоны, — æмæ-иу алыхатты дæр «луна плясала и колдовала», ноджы- иу хатгай, йæ уарзон кæй ныууагъта, ахæм хæзгулы хуызæн уыд, хатгай та скæсæйнаг æрфгуыты хуызæн, хатгай та Ногбо- ны басылыкъухы хуызæн. Æмæ, зæгъæм, мæй нал ис, зæгъгæ, уæд Раймондæйы цард, æнæ уыцы скæсæйнаг æрфгуытæ, сайд кæуыл æрцыд, æнæ уыцы хæзгулты цæсгæмттæ эллинты мармæр цæджындзты ’хсæн Раймондæйы цард ницæмæнуал хъуыдаид. Поэтессæйы уырныдта фæсмæлæт цард дæр æмæ йæ фидарæй зыдта: куы амæла, уæд чысыл стъалы фестдзæн, йæ рухс та уыдзæн зæрдæсаст æмæ ’нкъард. — Дæ уæз та цас у, цас ласыс? — æнæнхъæлæджы йæ бафарста критик. Раймондæ йæ уæхсчы- тыл схæцыд æмæ йе ’ргом аббатмæ æххуысагур аздæхта; æмæ аббат та йæ мидбылты худти, сфинксау хъуыдыдзаст, æмæ йæ бамбарæн нæ уыд, цæуыл хъуыды кæны, стæй, уæвгæ дæр, хъуы- дыкæнынхъом у, æви йæ мидбылхудтæй æдзæрæг, тасæфтауæг афтид дунетæ ’мбæхсы — уым зыбыты иунæгæй уæлдæфы ленк кæнынц, нæ алыварс царды цы сусæгдзинæдтæ ис, уыдоны тыххæй зондджынхуыз къæбæлдзыг ныхæстæ, стæй, не ’рхъу- лайы чи бахауд, уыцы æбæрæг царды тыххæй куырыхонхуыз алдымбыд ныхæстæ дæр уым хъеллау кæнынц, уыцы æдзæрæг уæлдæфы. М-11е Тко тынг ауæрдонæй хардз кодта алцыдæр, æмæ-иу хуынд адæмæн сихор фылдæр хатт скодта айдагъ халсартæй, цыдæр æнахуыр хуызы цæттæйæ сæ ’вæрдта фынгыл; фæлæ-иу уый хыгъд, ома-иу ахуыйæн фаг кæй нæ кодта, уый хыгъд-иу сæнæн та ныккæнæн дæр нæ уыд. Йæ уарзондæр æмæ-иу арæхдæр цы хæринаг æрæвæрдта фынгыл, уый — уырыдзы, æмæ уый фыдæй, чысыл ма бахъæуа, æмæ ма схыл уой критикимæ — сихор скæнынмæ нæм æрбацу, зæгъгæ, та йæ куы хуыдта т-11е Тко, уæд ын уый поэтессæ æмæ аббаты цур афтæ куы бакæнид уырыссагау: — О-нæ, хæрзаг та нын нæ разы дæ уырыдзытæй физонджытæ æрæвæрдзынæ, и? Æз дын хæдзарон тæрхъус нæ дæн, цæмæй æрмæст къабуска æмæ уырыдзыйæ ирвæзон. Дзи- дза куы балхæнай, уæд дæм зындзынæн. — М-11е Тко йæм скаст,
/4П^ -~-^ Гæздæнты Гайто критик йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй бынтондæр мæнгклас- сикон цæстæнгасæй, фæлæ йын æй æппындæр ницæмæ ’рдардта æмæ та ногæй загъта: — Дзидза куы балхæнай, уæд дæм зын- дзынæн, — æмæ ныхас, РоПез-Вег§егейы фæстаг хатт цы геуие уыд, уый декорацитæм аздæхта. Раздæр кæм цардтæн, фæстæмæ та уыцы фысымуатмæ куы ’рбалыгъдтæн, æмæ т-11е Ткойы цы бон бабæрæг кодтон, уыцы бон æм баййæфтон æнæзонгæ æрыгон лæппулæджы, куыд сбæрæг, афтæмæй разынд испайнаг драматург. Æмæ испайнаг драматург — ныллæджытæ арæзт, чырынтæ костюмы — бадтис диваныл æмæ-иу бахудгæйæ куыддæр тарст худт кодта, йæ чемы цыма нæй, уыйау. Æз æнхъæлмæ кастæн, уæдæ кæд исты зæгъид, сдзурид; фæлæ уымæй иу ныхас дæр нæ хауд, æмæ-иу йæ цæстытæ куыд схъизæмайраг сты, куыд скатайаг, уымæ гæсгæ ахъуыды кодтон, æвæццæгæн, зæгъын, фаг хорз нæ зоны фран- цагау. Æгæр тынг рæдыдтæн, рæстдзинадæй æгæр дард уыдтæн: испайнаг драматург иу фæсарæйнаг æвзагыл дæр иунæг мыр дæр нæ зыдта, т-11е Тко та, куыд мын басастис, афтæмæй ис- пайнагау ницы ’мбæрста; фæлæ-иу уæддæр, мæнмæ бынты хъавгæ ’рбакæсгæйæ, рæстæгæй-рæстæгмæ, драматургмæ æрго- мыздæхтæй, цыдæр æнахуыр æмæ æнæзонгæ дзырдты ’мбистæ загъта цыдæр æбæрæг æвзагыл æмæ цæмæдæр гæсгæ йæ зæрдæ дардта, испайнаг æй бамбардзæн, зæгъгæ, — фæлæ йын уымæй ницы уад, æмæ та-иу уæд драматург йæ удаист худыныл ссис, — æвæццæгæн, афтæ нымадта, зæгъгæ, испайнагау чи нæ зоны, уыдонимæ куы бадай, уæд дæхи уыйау дарын фæтчы, ома худгæ куы кæнай, уæд адæмæн сæ тæккæ æгъдауджындæртæ æмæ фендджындæртæй уыдзынæ, нывыл хъомылгонд, — фæлæ ’нæхъæн сахаты бæрцмæ куы ницæуыл баныхас кодтой, уæд драматург сыстад æмæ ацыд; цæугæ та ’рбакодта, фæстæдæр куыд сбæлвырд, афтæмæй йæ пьесæ францаг æвзагмæ стæлмац кæныны охыл. Цæуыны размæ мын мæ къух райста, зæрдиагæй мын æй æрæлхъывта æмæ æнæнхъæлæджы зæрдæхæларæй ба- худт — бахудт, æмæ уымæй бæрæг уыд, уæдæй нырмæ, цы ’дылы уавæры бахауд, уый хорз кæй æмбæрста æмæ йын мæнæ ныр куьц æхсызгон у, кæдæй-уæдæй нæ кæй ирвæзы, уый. Уый ацыды фæстæ т-11е Тко мемæ уырыссагау дзурын рай- дыдта æмæ мын фехъусын кодта, зæгъгæ, дам, абон райсом гыццыл ма бахъæуа æмæ фæндаггон фыдбылызы амæддаг ма суа, уымæн æмæ, дам, æз кæм цыдтæн, уыцы 1ах\у — уырысса-
УАДДЗАЛХ АДÆМ ^^5 гау-иу куы дзырдта, уæд-иу такси загъта, — йæхи сцавта иннæ машинæимæ. Стæй мын уæд дзурынтыл-æппæлынтыл схæцыд йæ диссаджы зæрдæйæ, æппын, дам, дзы ницы рох кæны, æмæ уыйадыл цы ’мбисонды рæвдз у фæсарæйнаг æвзæгтæм: ныр фынддæс азы Францы цæры, Уæрæсейæ та рафтыд, мæнæ ма «чызг куы уыд», уæд; фæлæ ныр дæр ма тынг сæрибарæй æмæ иттæг хорз дзуры уырыссагау, стæй йын æцæгæлон бæстæйаг æнхъæл дæр ничи у — афтæ дæсны у францагау дæр, уырыс- сагæй йæ хуыздæр дæр ма зоны. Æмæ мын цæвиттонæн иу æмдзæвгæ Блокæй бакаст, иу та Бодлерæй, æцæг ын йе ’ппæт ныхæсты мидис рæстмæ не ’мбæрста, уырыссагау та цавд не ’вæрдта раст, стæй францаг «]е» дзырдта куыд «же». Стæй мæм, æппынфæстагмæ, йæ къухфыст равдыста, цæмæй йын æй арæстытæ кæнон; гæххæттытæ мæ уæрджытыл æрæвæргæйæ, æз æвæстиатæй мæ куыстмæ бавнæлдтон. М-11е Тко уæдмæ баздыхта граммафон, пластинкæ ]ЧосШгпе еп ге- Ьето1 сæвæрдта, цагъта йæ Эльман — æмæ, хаттæн-иу мæ цæстытæ сылгоймагмæ сисгæйæ, æз фæфиппайдтон: уый-иу йæ бинаг был йæ дæндæгтæй æрæлхъывта, йæхи-иу схъулæттæ ласта маймулийау, цыдæр æнахуыр дардта йæхи; цы йыл амбæлд, уымæй йæ куы бафарстон, уæд йæ амонæн æнгуылдз йæ дзыхыл авæрдта, тагъдгомау загъта: — С ез1 Ртзркайоп1 — æмæ йæ хауджын даргъ хъуырбæттæн тилын райдыдта, алырдæм фæйла- уын æмæ гæппытæ систа уаты къуымты. Йæ къухтæ дæр-иу алырдæмты ныттынг кодта æмæ-иу йæ сæр афтæ цæхгæр æмæ тыхджын нырриуыгъта фæстæрдæм, æмæ-иу ын, куы фæхъен уа, кæд уымæй не старстæн. — Ьа с1апзе посШгпе,2 — сабыргай загъта æмæ йæ сæр йæ риуыл æрцæйуагъта, фæлæ та йæ фæхъил кодта æмæ та чъыллиппытæ кæнын райдыдта. Хорз, æмæ плас- тинкæ уайтагъд фæцис, æмæ т-11е ТКо ныууагъта йæ кафын. — Аивад циу, уый æмбарыс? — бафарста мæ, æмæ мæ дзуапмæ дæр нæ банхъæлмæ каст, уымæн æмæ йæ никæцырдыгæй æндæвта, афтæмæй дарддæр нывæста йæ ныхас. — Æз æй иннæтæй бирæ хуыздæр æмбарын, е1}' еп зои{Тге, )' еп зоийте.3— Æмæ уæд мæ зæрдыл æрбалæууыд, кæддæр т-11е Тко уырыссаг прогимназы — йæхæдæг та йæ прегимназ хуыдта, — кæй ахуыр кодта, уый, фæлæ уыцы бонзонгæ ахуырдонæй дарддæр нæ ахæццæ йæ ахуырад. — 1 Уый зæрдæргъæвд уæлтæмæн у. 2 Æхсæвыгон кафт. 3 Æмæ мын уыйадыл зындæр у, зындæр.
/Тл^а -~-^ Гæздæнты Гайто \!^^^^^ Фæлæ æз æппæт дæр æмбарын, — раст мын цыма мæ хъуы- дытæ бамбæрста, уыйау загъта — тынг диссаг мæм фæкаст уый, зын баууæндæн хъуыддаг. Æмæ мын мæ фæрсæг цæстæнгас куы ацахста, уæд мын бамбарын кодта, алы адæймагæн дæр царды мидæг хъæздыгдзинад йæ къухы цы хуызы хъуамæ бафта, уый хорз кæй зоны. Æцæгдæр хъæздыгдзинад йæ цæсты уыд иунæг хæзна; афтæ бирæ цы аивады тыххæй уарзта дзурын, уый дæр æм æнæ ис-бис ницы каст, ома аивадæн дæр йæ бындуры хъу- амæ хъæздыгдзинад уыдаид. Аивадон сфæлдыстады размæ хъу- амæ уай хъуыстгонд, хъуыстгонды размæ та — хъæздыг. М-11е Тко дын ницы хуызы бакастаид Толстойы роман къухфыстæй, науæд Пушкины поэмæ, уыдон уымæй размæ хъуыстгонд æмæ бонджын адæмæй куы нæ уыдаиккой, уæд. Зындгонд æмæ мулк- джын чи нæ уыд, уыцы автортæ йæ цæсты ницы ахадыдтой, æгады цæстæй сæм каст æмæ уайсахат дæр уымæн бафарста испайнаг драматурджы тыххæй йæ тæлмацгæнæджы: — Æмæ йæм уæвгæ та цы ис, цы гæс у? — Æз æппæт дæр æмбарын, — ногæй та загъта т-11е Тко, хæстæг мæм æрбацыд, ме уæхск мын æмдзæгъдгæнæгау æрхоста æмæ загъта: — Ои соига§е, с1и соига^е,1 — цыма мæ раст æрсабыр кæнынвæнд скодта, кæнæ та мын раст цыма зæрдæтæ æвæрдта — ома иууылдæр уый сæ куыст кæй скодтой, æппæты зæрдæмæ дæр æмхуызон кæй цæуы, уый мæныл ома æвзæрырдæм никæцырдыгæй фæзындзæн, йæ зæрдæ мыл нæ сивдзæн. Изæрæй та, æдзух дæр-иу куыд уыдис, афтæ бамбырд сты йæ иудадзыгон уазджытæ: аббат, поэтессæ æмæ критик, æмæ мæнæн ацæуын нал бантыст, кæд мæ рохтæ ацæуынмæ цыфæнды тынд кодтон, уæддæр. Уæвгæ та, æз ууыл фæсмойнаг нæ фæдæн, уымæн æмæ уыцы изæр иттæг хъæлдзæг æмæ цæрдхуыз рауад. Æрмæст дзы уæддæр цы ’рцыд, уымæн та æнхъæл дæр ничи уыд, фæлæ быцæу ныхас иу заманы стынг, мæнг æфсонæн та йын сбæззыд хуызджын къабуска, — хуымæтæг быцæу стыр хыл расайдта. Цалынмæ уыцы хуызджын къабуска — дынджыр æмырæхгæд кæхцы мидæг — не ’рæвæрдтой фынгыл, — уæдмæ æхсæвæры хъуыддæгтæ æгæр хорз дæр ма цыдысты, о, фæлæ къабуска æрæвæрдтой фынгыл, æмæ дын т-11е Тко, мидбылты худгæйæ æмæ цæхæркалгæйæ, аббатæн куы зæгъид: — Е* УоПа ипе зигрпзе зреаа1етеп1: роиг уоиз.2 — Æмæ дын аббат дæр йæ 1 Лæджы сæр дæ бахъуыд, лæджы сæр. 2 Æмæ мæнæ сæрмагондæй сюрприз дæуæн.
УАДДЗАЛХ АДÆМ лæгуын сæрæй ныллæг куы ’ркувид фысымæн. Фæлæ уæдмæ æз критичы туаг цæстæнгас ацахстон. Кæхцы сæр систой, æмæ хуыз- джын къабускайыл аббаты цæстытæ æрхæцыдысты: йæ уæлæ су- харитæ амад, афтæмæй мæцыд фæлурсбын сойы. Мæнмæ афтæ фæкаст, цыма аббаты зæрдæ нæ барухс къабускайы уындæй, сæрма- гондæй уымæн нысангонд сюрпризæй; фæлæ тагъдгомау загъта: — (^ие с'ез1: сЬагтап!:, цие с'ез1: сЬагтап!:, пшз уоиз ауег ип с1оп тузГепеих с!е с!еутег 1:ои)оигз се цш е$1 1е р1из с1ез1ге раг ГоиС 1е тошЗе. Ма1з с'ез1: тегуеШеих, ]е пе 1:гоиуе раз сГ аи1ге то1: роиг с1ейтг 1;ои1:е 1а с1еПса1:ез5е ауез 1ацие11е уоиз ауех зи поиз зигргепйге с1' ипе Газоп Ы1етеп1: Ппе е1: а§геаЫе...! Æмæ поэтессæ сæмдзæгъд кодта æмæ аббатимæ сразы, стæй загъта, абоны сихор, дам, дыууæрдæм хæрзад у, уымæн æмæ сиу сты аббаты мæлгъæвзаг æмæ т-11е Ткойы æмбисонды къухтæ — ома, дам, хæринаг йе скæнæджы ад фæкæны. — Ег Ыеп, — загъта поэтессæ, — юи* 1е топёе еп ез1: гауь Сез1: Пп, с’ез!: с!еНса1;, с'ез1: Иои!: се ^и’ 11 у а с!е тегуеШеих, сотте Г а с!е]а сИи тогшеиг Г аЬЬе.2 Ничиуал сæ ницы дзырдта, иууылдæр фæдургом сты; æмæ мæнмæ та уæд афтæ фæкаст, цыма аббаты сæры тæмæнтæкалæг цæгæрыл æмæ т-11е Ткойы цæстыты стыр амондджын, рæсуг цæссыджытæ сæрттывтой. Фæлæ уыцы тæккæ сахатыл критик бандоныл йæ мидбынаты æрзылд æмæ тæрхонхæссæгау загъта: — Е* то1, ]'е 1:гоиуе ^ие ГоиГ са, с’ез!: Сои* 31тр1етеп1: Ье1е...3 — СоттеШ: Ье1:е?4 — т-11е Тко йæ сабыргай æмæ уæзданæй бафарста æмæ йæ развæлгъау фембæрста, бæстæ кæй байсæфт, йæ дуне кæй бабын, уый. — СоттеШ: Ье1:е? — æнæбон кæй у, йæ бон аивын кæй ницуал у, ууыл чи басæтты, ахæм мæгуыр адæй- магау ныцъцъæхахст ласта, аббат æмæ поэтессæ сæ цуры кæй сты, уый дæр ницæмæуал æрдардта. — Мæ дзидза æмæ мын мæ къабуска хæрынмæ ’рбацæуыс, афтæмæй... — Æз дæм дзи- дзайæн йæ хъæстæ дæр никуы фæдæн, — загъта критик, фæлæ йæм уый нæ хъуыста, — æмæ ма ныр загъд дæр къахыс? }е уоиз с1е1:ез1:е5, æбузны! — Йæ цæсгом сырххъулæттæ афæлдæхт, 1 — Тынг æхсызгон мын у, тынг æхсызгон, алкæй дæр æппæтæй фылдæр цы фæнды, ды йын уый æрцæттæ кæныс. Фæлæ дзы ай бынтон диссаг у, æндæр ныхæстæ мæ бон ссарын нæу, цæмæй, ды ныл куыд тыхсыс, уымæн аккаг аргъ скæнон, уый тыххæй... 2 Афтæ, афтæ... æппæт дæр, зæгъæн куыд нæй, афтæ хорз у. Цыдæриддæр ис, — уыдон æмбисопд сты, уый тыххæй тынг аив æмæ уæзданæй загъта месье аббат. 3 Æз та уыдæттæ æдылы ми хонын... 4 — Ома уый та куыд æдылы? 5 Ме ’нæуынон фæу!
!^14^^*йг--«г-х. Гæздæнты Гайто цæстытæ смамазила сты; стъолæй къуырф тæбæгъ раскъæфта æмæ йæ критикыл бахста, тæбæгъ къулыл ныппырх. Стæй уæд ныдздзынæзта. Æмæ та йæ хуыз раив-баив кæны, маймулийы фæзмæгау, мæнæ йын æмдзæвгæтæ кæсгæйæ куыд фæкæны, афтæ. — Æз ма дын уый дæр зæгъинаг дæн, — дзырдта дарддæр критик, — æмæ, æлгъин æмæ фыдчъынды кæй дæ, алцыдæр фæстауæрцгæнæг, уыйадыл дæ буц уазджыты та алы хъылмайæ хынцыс. Мæнæ лæгуынсæр чи у, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, алцыдæр ныссæрфдзæн, уымæн æмæ уый францаг у, æз та, Хуы- цауæй разы, нырма уырыссаг дæн æмæ алы хæмпæл æмæ къа- бускатæ хæринаг нæ дæн. Хъæуа-нæ хъæуа дæ «шарм», дæ «шарм» кæныс, адæмы цæстытæ дзы къахыс, алы дзырды фæстæ дæр æй фæтъыссыс, дæхи цæмæй нал стауыс, ахæм ницытæ- мацытæй фæсте ницуал ныууагътай, уæд дын уый цавæр «шарм» у, кæд æмæ мын ныронг ме ’хца нæма бафыстай, уæд... — Цъаммар! Æлгъаг! — ныцъцъæхахст та кодта т-11е ТКо, йæ кæуын фæуадзгæйæ. — СгесПп! ^Преге!1 — Уыцы дзырд ай- хъусгæйæ — У1реге — аббат афæлурс æмæ фынджы уæлхъусæй сыстад æмæ йæ царды мидæг фыццаг хатт йæ мидбылты нал худти. — Мас1ето15е11е, — загъта уыцы цыллæ фæлмæн æмæ лæгъзæй. —]е т’еп йсЬе!2 — ногæй та ныхъхъыллист кодта т- 11е Тко æмæ критикыл йæхи андзæрста, фæлæ ахауд æмæ йын йæ къахыл дæндагæй фæхæцыд. Иууылдæр æмхуызонæй фæ- уыргъуыйау сты, цы акæной, уымæ нал арæхстысты. Мидæмæ сæм æфснайæг æрбазгъордта, йæ къухы аббаты лæдзæг, афтæмæй; фæлæ аббат лæппуйау рогæн сгæпп ласта бандонмæ æмæ йыл слæууыд, йæ къухтæ хæрдмæ ’ртихъæрæнгæнæгау сисгæйæ. Иннæ уатæй граммафоны цæгъдын райхъуыст — по- этессæ йæ скусын кодта, уый уырдæм рагацау йæхи айста, куыд- дæр фысым æмæ критик кæрæдзимæ фесты, афтæ. Адон та схъуырдухæн сты, фæлæ уæддæр критикæн бантыст йæхи æфснайæг æмæ т-11е Ткойы къухтæй ратонын; раирвæзт тыргътæм æмæ, мæн ам куы ауыдта, уæд мын афтæ: — Цæй, фæуæд, гæнæн нæй, ныр нæ фæйнæ хæдзармæ дæр афон у, — æмæ иумæ рацыдыстæм уынгмæ æмæ хидыл фаллаг фарсмæ бауадыстæм; цыдæр бæрæгбоны кадæн Париж иллюминаци- гонд уыд, æмæ, Сенæйыл цы бæлæгътæ ленк кодта, уыдонæй- иу хæрдмæ зилгæ-здухгæ стахтысты фейерверчы цæхæркалгæ 1 Цъаммар! Æлгъаг! 2 Уый мæтæй нæ мæлын!
УАДДЗАЛХ АДÆМ æхсидæвтæ: æмæ-иу былгæрæттæ-былгæрæтты лæууæг адæм сæ къухтæ сцагътой æмæ-иу хъæр систой. Мæ уатмæ куы бахызтæн, уæд фæкуыддæр дæн, хорзау нал уыдтæн — рудзынгæй цыма мидæмæ æнахуыр кæрдæгхуыз мынæг рухс лæдæрсти, цадæггай цыма хъардта мидæмæ æмæ уаты къуымты зылд; цыдæриддæр мын дзы дзаумæттæ уыд, уыдон дæр мæм иууыл кæрдæгхуыз кæсын райдыдтой — æмæ мæ уатæй уæд, дæлдон цы нау фæцис, уадидæгæн уый каютæ рауад. Бæстæ уыд æдзæм, æрмæст 5с. Сегтат-ы бульварæй стæм хатт хъуыстысты машинæты удаистæй пæр-пæргæнæг гудоктæ; кæнæ та-иу уæлдæфы æвиппайды гуыр-гуыргæнгæ трамвай фæцæйзгъордта, уæлдæф та мæм-иу уыцы уысмыл кæд æмæ каст цæнгæтау дæвдæг, трамвайы сæрмæ-иу йæ роличы сыф- сыф точы телыл суых-суыхгæнгæ мæйдары аныгъуылынмæ тагъд кодта; чи зоны, æмæ уый уыд нудæсæм трамвай, ауепие Непп Магйп-ыл цæуæг, уый та Парижы хуыздæр ауепие у; æз фыццаг хатт куы бахаудтæн уырдæм, уæд мæхицæн фидарæй загътон, зæгъгæ, хъуамæ -ацы бæстыхæйттæй искæцыйы æрцæрон, бæрзонд бæлæсты аууон æрныгъуылæг бæстыхæйттæй иуы, — æмæ ныр трамавай уыцырдæм кæй цыд, уый мын мæ зæрдæ рæхуыста. Æрхуыссыны зондæй мæ дзаумæттæ ласгæйæ, æз цы кæрдæгцъæх уæлдæфы змæлыдтæн, уый тынг æнахуыр бæзджын уыд, æнæуи хуымæтæг уæлдæф ахæм никуы вæййы; суанг ма айдæн дæр фæтарбын, æмæ дзы дзаумæттæ бынтон æндæрхуы- зонæй зындысты иннæ хæттытæй уæлдай — раст сæ цыма тынг раджы фæдæлдончындæуыд æмæ йыл сахуыр сты, басастысты йыл сæхицæн: хъуамæ ам уой, ам ис сæ бынат — доны бын. Куыддæр æнæнхъæлæджы æруæззау дæн, мæхи хорз нал æнкъард- тон; мæ уаты æууæлтæ та мын мæ зæрдыл æрлæууын кодтой, куыд нæ фæтчы, афтæ бирæ кæй цæрын, раст цыма мæ сæрæй мæ къæхтæм бæндибæстытæ дæн, — æмæ Парижæй мæ бон нæдæр искæдæм ацæуын у, нæдæр æндæр хуызы цæрдтытæй цæрын. Цыдæриддæр архайдтон, цæмæдæриддæр тырныдтон, уыдонæй иу хъуыддаг дæр нысаныл не ’мбæлд, — мæнæ цыма раст доны хуылфы цыдтæн — æмæ йæ ныронг, куыд æмбæлы, афтæ хорз дæр не ’мбæрстон мæ уавæр. Ныр та, куы йæ бам- бæрстон, уæд мын ахæм хъыг фæцис, æмæ ма мын улæфын дæр бæлвырд фæзын — фынæй дæр тынг æрæгмæ бадæн; иннæрдæм- иу куы ’рзылдтæн, уæд мæ-иу удхарæй цы хъуыды мардта, уый-
Гæздæнты Гайто иу æрбайсæфт, фæлæ-иу æй æндæр хъуыды баивта, æмæ-иу уый раззагæй æнæудхайрагдæр нæ уыд. Стæй, æппынфæстагмæ, мæ цæстытæ куы сæхгæдтон, уæд дын цыма иу егъау æмæ талынг хæдзары фегуырдтæн, æмæ йæ уайсахат дæр базыдтон, уымæн æмæ мæ-иу мæ фынтæ уым арæх фестын кодтой, æмæ йын мæ зæрдыл бадардтон йæ аив зырнæйзылд хъæдын цæджындзтæ, æмæ йæ бæрзонд цар, æмæ йæ хатæнтæ — пакъуыйау цыдæр фæлмæн æрмæгæй конд цыма уыдысты æмæ цыма уыцы æрмæг минутæй минутмæ йæ хуыз ивта, æмæ та-иу куы сау асинтæ фестад, сау хъоргъмæ асинтæ; куы та аквариум, æмæ дзы, ад- æймаджы къухтæ кæмæн уыд, ахæм кæфхъуындартæ ленчытæ кодтой, куы та æхсæрдзæнтæ, куы та адæймаг, куы та æврагъ, куы та бурдым маргъ, куы та, кæддæр цы цау æрцыд, уый тыххæй рох мысинаг. Ацы хатт та хæдзары уæттæ аныгъуылдысты кæрдæгцъæх доны æмæ сæ къултыл æрзад даргъхалджын ден- джызы кæрдæг; æмæ бæрзонд цармæ ’ввахс æнæзмæлгæйæ лæу- уыд аббат ТеШйы лæгуын сæр дзагъыр, æнæхудгæ цæстытимæ. Стæй дын уартæ фæленк кæны т-11е Тко; йæ буар цы уыд, уымæй цавæрдæр фыстытæй нал зынд. Æз дардмæ дæр испайнаг инæ- лары хъæрон нысæнттæ базыдтон — æмæ йæ уæд бамбæрстон, уыцы фыстытæ йæ бирæ хæлæрттæ æмæ зонгæты автографтæ кæй уыдысты, уый. М-11е Ткойы ’мбал, мæнæ йын йæ арфа чи ныффæдзæхста, уый бынæй бæрзонд табуреткæйыл бадт æмæ роялæй цагъта; æмæ-иу йе ’нгуылдз роялы амонæныл куы ’рхæцыд, уæд-иу уырдыгæй налхъуыт-налмасы уæлдæфон цæппу- зыр фæзынд — хæрдмæ-иу зына-нæзына пæлхъ-пæлхъгæнгæ ссыд, æмæ мын-иу уыцы уынæр мæ зæрдыл цирчы хъазæг музы- кантты цагъд — донæй фæйнæхуызон дзаг æвгтæй — æрлæу- уын кодта; т-11е Ткойы ’мбал роялыл цы мотив хъазыд, уый мæнæн зонгæ нæ уыд, фæлæ йын доны цæппузыртæ куыд æвзист æмдзæгъд кодтой, уый фæрцы ма ноджы алæмæтагдæр уыд; цæппузыртæ-иу здыхсгæ-зилгæ уæлæмæ ссыдысты æмæ-иу ца- дæггай кæрæдзи фæдыл аленк кодтой æмæ-иу сæ цæхæркалгæ урс дзындзæй арæзт æмбисонды рæсугъд хæрдоджытæ рауад. Æмæ мæнæ хатæнмæ æрбаленк кодта, фæдæлдонæй ирвæ- зынгæнæг роныл хæцгæйæ, æхсин-ус Матильдæйы уарзаг мат- рос, æмæ-иу, йæ уд сцæйхаугæйæ цы ныхæстæ хъæр кодта —}е уеих 1а ра!топпе! — уыдон уыцы ирвæзынгæнæг роныл фыст уыдысты, æмæ матросы бæллиц ныр æмæ ам, ацы доны ахæсто- ны хъуыст бынтон æндæр хуызы, æвирхъау æртхъирæны хуызы,
УАДДЗАЛХ АДÆМ <^^^47> тыхгæнæг тых кæмæн нæ ардта, ахæм тираны æртхъирæнау, æмæ дзы ныр æхсин-ус Матильдæйæн фервæзыны амал нал уыд. Æвиппайды знæт уылæнтæ арагуылф-багуылф кодтой уатыл, æмæ аббаты сæр сдзедзырой — æмæ æз уæд иу лæджы ауыдтон урс халаты мидæг: мæ уацайраджы дзы базыдтон уайтагъддæр, мæ хихсæны уацайраджы, кæд сæдæ хатты фестырдæр æмæ йæ сау æрфгуытæ йæ цæсгомæй хибарæй ленк кодтой, йæ цæстытæ та лæгъстæйагæй кастысты, уæддæр. Йæ риуыл та фыст уыд: «Доны ахæстоны директор». Уаты астæу фæлæууыд, доны цæппузыртæй конд хæрдоджытæ йæ алыварс æртыхстысты, матрос йæ къухтæ хæрдмæ систа, цыма донæй скæсынмæ хъа- выд, уыйау, фæлæ æнцад йæ бынаты æнæзмæлгæйæ баззад. Аббаты авгын цæстытæ удаистæй кастысты директормæ; т-11е Тко тæккæ æрдæбон дæр ма кæм уыд, уым дынджыр кæрдæгцъæх гæккуыри фестад. Музыкæ та не ’нцад — æмæ йæ уæд æз бам- бæрстон, бахъардта мæм уæд: æз ацы доны ахæстонæй никуы- дæмуал ацæудзынæн æмæ ’нусты ам баззайдзынæн, мæнæ мæ уацайраг иллюминаторы куыд ис, хихсæны æфсæн телтæй быд кауы мидæгæй, афтæ. Дон мæ хъуырмæ хæццæ кæнын райдыд- та; роялы зæлтæ мынæгæй-мынæгдæр кодтой, тарæй тардæргæнгæ цыдысты доны цæппузыртæ — æмæ уæд мæнæн дæр мæ зæрдæ бахъарм; æмæ уæд дымын райдыдта рогбазыр дымгæ хлепайы хуымы сæрты, æцæг мæнмæ йæ сусæг сусу-бусу кæцæй хъуыст, уый та нæ ахстон; кæм дæн æмæ цы дæн, цы мыл æрцыд, уыдæттæ сындæггай-сындæггай æмбарын байдыдтон, стæй уæд мæ хъустыл уæзбынæй тæхæг къæвдайы сыф-сыф ауад — æмæ мæ зæрдыл æрбалæууыд, мæ рудзынг дысон изæр гомæй кæй ныууагътон, уый — мæнæ хиды фале т-11е Ткомæ уазæг- уаты кæм уыдтæн, уырдыгæй хъæмæ куы ’рбаздæхтæн, уæд. ÆРТÆ КЪУЫХЦЫЙЫ ТЫХХÆЙ УАЦАУ Ацы ’ртæ нывы, æртæ сæргонды, — цы рæстæджы ’рцыдысты, уымæ гæсгæ не сты баст кæрæдзиимæ, стæй иу уацауы фæлгонц дæр барæй райстой, зонгæ-зоныны. Фæлæ уæддæр æз фидарæй ахæм хъуыдыйы фарс дæн, æмæ сæ бындур иумæйаг кæй у. Фыццаджыдæр уал сты къуыхцытыл фыст радзырдтæ, — иугæр, æз мæлæт ахъаз- заг къуыхцыйыл кæм нымайын, уым. Ноджы ма геройтæн сæ алкæй ныхыфыст æмæ сконды дæр æз уынын сæ бынысæфты æууæлтæ: уыцы къуыхцытæ сын сты æнцон бамбарæн æмæ æрдзон.
/454^ ---^ Гæздæнты Гайто Географи нын ралæвар кодта алцæмæ дæр куыдфæндыйы цæстæй кæсыны стыр закъон; истори нæ ахуыр кæны, роман- тикты сæнттæ æмæ цагъарты уæнгдыхæй фæллойы фæрцы цы- дæриддæр арæзт æрцыд, уыдæттæм уазал зæрдæ дарыныл — ома хъуыдыйы мæнгæфсон тыбар-тыбур æмæ æхгæд зæрдæйы рог чъыллиппытæ кæм æмæ цæм уыныс, уыдонмæ. Æз алы хатт нæ арæхстæн географийы лæвæрттæй рæстырдæм пайда кæнынмæ: алы мæлæт дæр нымадтон ком- коммæ мæхи æфхæрдыл. Рæстæг мæ сахуыр кодта хи- уылхæцгæдæр уæвыныл. Ныр алцæмæн дæр æз йæ бындурон ах- хосæгтæ фæагурын — мæ геройтыл цы ’рцыд, уый мæм æбуал- гъы хъуыддаг нал кæсы, сæ хъысмæт æрдзон фæтк у. Мæ куыдз ныххæдмæл, уымæн æмæ, революци цы у, уый нæ бамбæрста. Володя Чех фæмард хæсты быдыры — чи зоны, уымæн, æмæ хъысмæт сохъхъырты кæй нæ уарзы — уыдонмæ кæсгæйæ, йæхæдæг дæр куырм кæй у, уый йæ зæрдыл æрлæууы. Мадам Шуцман цы фыдракæнды амæддаг бацис, уый та, æнæмæнг, нывгæнæджы æрхъуыды уыд: æз афтæ зæгъинаг нæ дæн, æмæ мадам Шуцман хæрзхуымæтæг æмæ бынтон æгъуыз адæймаг кæй уыд, уыйадыл æй амардæуыл, зæгъгæ, фæлæ ахæм æфсон дæр иннæтæй къаддæр уырнинаг нæу. Æппынфæстаг, Илья Васильевич Аристархов дæр йæ цардæй ахæм тæригъæддаг хуызы уымæн ахицæн, æмæ афойнадыл кæй нæ райгуырд, йæ заманы æмдугон кæй нæ уыд, — бæлвырдæй кæддæр чидæр фæрæдыд, цæрынæн æм цы рæстæджытæ ’рхау- дзæн, уыдон Аристарховæн куы нымадта, уæд. Æмæ Револю- ци, — карз цензор æмæ ницæйаг математик, — уыцы рæдыды бын бахахх кодта, æмæ мыггагмæ Илья Васильевичы фенæбон кодта уыцы хаххы сæрты ахизынмæ, фадат ын ома нал фæцис. Уыйадыл ын тæрхон хаст æрцыд. Цы уыдта, уый йæ рагацау зæрдæхæлд кодта: йæ развæндаг ын галиуварсæй дæр æмæ ра- хизырдыгæй дæр æрæхгæдтой, йæхæдæг «царды æцæгдзинады бæзджын къултæ» цы хуыдта, уыдон. Æмæ ма йын æрмæстдæр кæнæ размæ цæуæн уыд, кæнæ фæстæмæ. Уый равзæрста дык- каг фæндаг; уыцы фæндаг разынд æрраты рынчындоны алыварс хисагъд бæлæсты къохы аллея. Æртæ къуыхцыйы тыххæй уацау — ф^ыццаг цæсгомæй фыст, — у тæрхонгонд адæмы фæндагæм- балы радзырд, æрмæст уый йæхæдæг, зæрдæнцойдæр æмæ æдыхстдæр куыд уа, ахæм цард равзæрста.
УАДДЗАЛХ АДÆМ „._, <^7о\ т:^с^^) I Нæ заманы мах дæр æрыгæттæ æмæ æнæзæрдæхæрдæй рай- гуырдыстæм, æмæ-иу нæ алкæй цард дæр фæцис къулыл ауындзгæ сахаты сым-сымгæнаг фатæгты, аргъуаны дзæнгæрæджы-уæззау цæлхъытæ æмæ Павел Бурейы дзыппы- даргæ æнæрынцойы цъыкк-цъыччы разæй. Мах уыдыстæм цыппар. Володя Чех æмæ æмдзæхгæр нывтыл карст сылгоймаджы иумæ куы федтон дæларм-уæларм тезгъо- гæнгæ, уæдæй фæстæмæ æз хъуыды кодтон уарзондзинадыл æмæ уыцы иугæндзон уыцы иу ныв кодтон: куыдзы дзыхæй, фат иннæрдæм кæм ахызт, ахæм зæрдæ æрхауд. Хъуыддаг та афтæ рауад. Къохы цъæх нæууыл фæлдæхтæй хуысгæйæ нæ фæллад уагъ- там: уый хæдразмæ æз велосипедыл цыдтæн æмæ цыдтæн урс сосайыл, куыдз та фæстаг цалхы тæккæ фарсмæ згъордта. Дыу- уæйæ дæр бастадыстæм: къох ныссабыр, иу уынæр никæцæй хъуыст, мæ урс хæдоны рухс стъæлф бандзыг, не змæлд, ме ’рдхорды сырх æвзаг æнæрынцойæ фесхъиу-фесхъиу кодта йæ дæндæгтыл. Рæстæггай-иу сосайырдыгæй æрбайхъуыст файто- ны ифтыгъд бæхты цæфхæдты зæрдæхойæн æмдзæгъд, æмæ-иу уæд куыдз йæ хъустæ фæгæмæл кодта. Уыцы азты хур бæрзонд лæууыд. Мæ лымæнæн мын йæ цыппæркъахыг фидар цард цы трагеди фæбæрзæйдих кодта, хабар уый хæдразмæ ’рцыд — уæд æз дæр тынг дард фæхаудтæн мæ горæт æмæ горæтгæрон къохтæй. Мæ куыдзæй уыдтæн дæс азы хистæр. Нæхимæ йæ куырм хъæвдынæй æрбахастон æмæ йæ схъомыл кодтон: никæмæн æй уагътон æфхæрын, æмæ байрæзт, йæ уæлæ адæймаджы къухы уæз нæ базонгæйæ, лæджы цæф циу, уый нæ бавзаргæйæ. Цæргæ дæр иумæ кодтам, мæ уаты къæсæргæрон-иу хуыссыд. Бирæ цæмæйдæрты нæ зондахаст дæр æмхуызон уыд: мах дыууæйæ дæр никуы хъыгдардтам мæгуыргурты: æз — уымæн, æмæ сæм никæд хæлæг кодтон, уый та — йе ’нæрвæссонæй. Уыцы сæрд æз кастæн «Раго1ез сГип геуоке»; куыдз гауызыл хуыссыд æмæ цæуылдæр хъуыдыты аныгъуылд. Мæнмæ та мæ зæрдæ афтæ дзырдта, цыма-иу йæ хъуыдытæ иудадзыгдæр исты архайдимæ баст уыдысты, æнцад, æнæфенкъуысгæ цард ын ад нæ кодта. Æз йемæ ныхæстæ кодтон: уый мæм, йæ сæр иуварсмæ æркъулгæнгæйæ, хъуыста, куы та-иу фестад, хæстæгдæр-иу мæм æрбауад æмæ-иу æрсабыр. Чи зоны, æмæ мын-иу афтæ зæгъи- 4 Мах дуг № 12, 2003
/^оЧз» -«--.^ Гæздæнты Гайто наг уыд, зæгъгæ, уый дæр искæд бон, багъæц, æз цас цитатæтæ зонын, уыйас зондзæн. — Цæрæн, ме ’фсымæр, цыфæндыйæ дæр ис, — загътон ын, — æрмæст мæлын нæ хъæуы. Мах кæрдæгыл хуыссыдыстæм: фæстаг файтоны бæхты цæфхæдты æмдзæгъд басабыр сахатырдæджы размæ. Æнæнхъæлæджы кæйдæр санчъехты уынæр ссыд. Мæ лымæн ныууынæргъыдта æмæ фæгæпп ласта. Æз мæ рæмбыныкъæдзыл рабадтæн. Бæлæсты аууонæй рацыд æмдзæхгæр нывтыл карст сылгоймаг, йæ фæдыл та дзыпкъахæг Володя Чех. Сылгоймаг цыд, йæ къæхтæ нæ тасынгæнгæйæ, йæ цыргъ æмраст риутæ сæрыстырæй размæ ныттынггæнгæйæ. Æз ахæм æмраст риутæ уæдыонг никуыма федтон, — стæй уый дæр нæ зыдтон, æмæ цардæн йæхи геометри кæй ис, алы теоремæтæ нымады дæр кæмæ не сты, ахæм. Æмæ æмдзæхгæр нывтыл карст сылгойма- гимæ мæ фембæлд уыд мæ фыццаг урок æрвылбоны математикæйæ, æппæрццæг æмæ æвæрццæг нымæцты тыххæй наукæимæ, сылгой- маджы риуты фæлгонцы тыххæй наукæимæ, компромиссты къуы- мых къуымтæ æмæ æнæуынондзинад æмæ марыны цыргъ къуымты тыххæй наукæимæ. Володя Чехимæ æз æнæнхъæлæджы базонгæ дæн: йæ галиу цæстæй сохъхъыр уыд, стæй уыд æвирхъау тых- джын æнгуылдзты хицау. Æз уымæ, Володямæ, кастæн: сылгой- маг æрлæууыд: куыдз рызти æмæ уынæргъыдта. Æз хуысгæйæ баззадтæн. Æмæ уæд æз загътон Володяйæн: — Æмæ ацы сылгоймаг, мæ бæлон, тасгæ куы нæ кæны. Володя ницы сдзырдта. — Уæд та нæ базонгæ кæнис? Æппæт дæр æмдзæхгæр нывтыл карст сылоймагæй аразгæ уыд: йæ цæст аргъгæнгæ æрхаста мæныл, мæ лымæныл, велоси- педыл. — Мах ахæм зонгæтæ хъуаг не стæм. — Гъемæ уал уæдæ фембæлдмæ, нæ мады хай. Володя бахъуым-хъуым кодта: — Нæ дын Хуыцау ис, нæ дзуар! Сылгоймаджы къах асанчъех кодта, зæххыл андзæвыд, æцæг йæ уæраг нæ фæтасыд. Афтæ ма æрмæстдæр æмраст æмæ æрдын- босау ивæзт хæххытæ цæуиккой. Володя йæ фæдыл фæцæуæг. Фæстæмæ горæтмæ здæхгæйæ сæ разæй фестæм: Володя нæм цыдæр ныхъхъæр ласта, сылгоймаг нæм йæ сæр фæзылдта — цырд æмæ ’нæрвæссон былысчъилæй.
УАДДЗАЛХ АДÆМ Иу бон базармæ ацыдыстæм букинистмæ, уæзбын сабыр лæгмæ, йæ уæлæ фæлмæн, чысылгопджын тымбыл худ — ер- молкæ: иудадзыгдæр чингуыты ’хсæн фæбады æмæ рагзамайнаг зынæмбарæн текстытæ фæкæсы. Æдзухдæр вæййы сау уæлæ- дарæсы: уымæ куы фæкæсын, уæд фæхъуыды кæнын библейаг зæрæдтæ æмæ пехуымпарты æмбисонды адæмыхаттыл, куыры- хонтæ æмæ сæудæджертыл — революцион Уæрæсейы дзолгъо- молгъогæнæг базартæм сæ зынгдзагъд æмæ тызмæг хъуыдытæ чи ’рхаста, уыдоныл. Зæрондмæ-иу бæрæггæнæг арæх æрбауад йæ хъæбулы хъæбул, чысыл рæсугъд чызг, иу дæс азы йыл цыдаид, саусæр, сæрыстыр дзуттаг цæстытæ йын: мемæ йæхи цасдæр уазалдзæф сæрбæрзондæй дардта, зæрондимæ та уыцы рæвдаугæ фæлмæнæй. Ацы дуканийы-иу мах нæхи хæстæг-хионтау æнкъардтам. Разæй æз бацæуын, мæ фæдыл та — куыдз. Зæронд лæг мæн хорз зыдта: æз чингуыты аргъыл никуы фæдзурын, мæ куыдзы та-иу, дзутт-зыдыка, зæгъгæ, зæронды цы фыдуаг лæппутæ мæстæй мардтой, уыдоныл сардыдтон. Ацы хатт зæронд йæ бынаты нæ разынд: æвиппайды егъау чингуыты бынæй расæррæтт ласта гыццыл чызг: мæ лымæн йæ къæдзил ныттылдта. — Дада ам нæй. — Ницы кæны, æз сæ мæхæдæг рацагурдзынæн. Чингуытæ кодтой незаманты рыджы тæф. Æз цадæггай мæ цæст сæргæндтыл хастон: æрраби Штирнеры томы бын лæууыд ус-кънйаз Бебутовайы роман «Цард — хуынкъ суари». Чызг ын йæ хъæбæр цъарыл æнахъинон сырх-сырхид сылгоймаджы куы ауыдта, уæд ныххудти. Куыд ацыдис, уый æз нæ бафиппайдтон. Чысыл цасдæры фæстæ æрбазгъордта: йæ цæссыгтæ ныхъуыр- гæ тыхтæй-амæлттæй сфæрæзта: — Уым... дадайы... марынц... Æз дуары цурмæ бацыдтæн æмæ зæронды урс-урсид зачъетæ ауыдтон — сырххъулон цæсгæмттæ æмæ туджызилæг цæстытæ йæ алыварс гуыв-гуыв кодтой. Сылгоймаджы цъæхснаг хъæлæс: — Давджытæ, куыйтæ, уирæгтæ-сирæгтæ! Æз æмдзæхгæр нывтыл карст сылгоймаджы базыдтон æмæ зæрондмæ батагъд кодтон. Куыдз, рæдзæгъдæй амад чингуытæ акалгæйæ, мæ фæдыл рагæпп ласта æмæ уайтæккæ адæмы ’хсæн фегуырдыстæм.
(^52^ . — -«^ Гæздæнты Гайто Зæронды цæсгомыл туг лæсæнтæ кодта, лæг хъæрзыд æмæ йæ русыл хæцыд. Æмдзæхгæр нывтыл карст сылгоймаг йæ тæккæ ныхмæ лæууыд æмæ дзыхыдзагæй хъæр кодта: — Мæ ридикуль мын фæцъортт ластай, дæ урс сæрæй дæр не ’фсæрмы кæныс, æлгъыстаджы уираг туг! Фырмæстæй ма мæ бон æрмæстдæр уый зæгъын бацис: — Æнцад ныууадз зæронды. — Æмæ дæу та, хæйрæджыты ардыд кърандаш, цы хъæуы? Нæ алыварс адæм фылдæрæй фылдæр æмбырд кодта, зæронд мæ фæстæ æрбалæууыд, гыццыл чызг ыл ныддæвдæг. Адæмæй мæм чидæр уайдзæфгæнæгау дзуры: — Ахуырдзау! Ды хъуамæ дæ уроктæ цæттæ кæнай, ды та базары ралекка-балекка кæныс. Милиционер фæзынд: цы ’рцыд, уый йын радзырдтой, æмæ нæ уæд уый дæр æмхуызонæй комиссариатмæ акодта, чызг нæ фæстæ згъордта, нæ нæ æййæфта æмæ куыдта. Æрдæгфæндагыл зæронд милиционерæн гæртам радта, æмæ уæд уый дæр хицауы хъæлæсыуагæй загъта: — Цу, зæронд. Дæу та, æмбал гимназист, базары ницы хъуыд- даг ис. Мах фæстæмæ зæронды дуканимæ æрбаздæхтыстæм: æз дыу- уæ чиныджы равзæрстон. Арфæ мын нæ ракодта, куыддæр æм уый аив нæ каст ныр. — Дзуттæгты нæ уарзынц ам. — Хъæддаг сты адæм, зæронд. Мах нæхимæ рацыдыстæм, фæндагыл æз мæ лымæнæн загъ- тон, зæгъгæ, æмдзæхгæр нывтыл карст сылгоймагæй хи дæрдты ласын хъæуы. Фæлæ, цымæ, уый уæддæр цы бар дары Володя Чехмæ? Володяйы карьерæйæн йæ сæфты хъæр цы бон ссæуинаг уыд, йæ цъаммар дæсныйады тæригъæдтæ æмæ йæм йæ фыдбылызтæ куы лæбурдтой, революцийы дзæгъæл быдыры чи схъæддаг, уыцы дзыллæйы хуызы бацæугæйæ, — уæд мах та уынгты тезгъо код- там: æз мæ лымæнимæ цыдтæн асфальтæй тротуарыл бæрзонд хæдзæртты цурты. Уалынджы тигъы фæсте æрбайхъуыст бирæ хъæлæсты знæт дзолгъо-молгъо, æмæ нæ зæрдæйыдзæбæхæн улæфты сахат фæхъыгдард. Уый хæдуæлвæд ауыдтам йæ тых- йæ бонæй лидзæг Володяйы: йæ рахиз къухæй хæцыд батист фындзмæрзæны тыхт браунингыл.
УАДДЗАЛХ АДÆМ Нæ тæккæ комкоммæ æрцæйтахт, йæ иунæг цæст æдæрсгæ æмæ сабыргай радзагъул-бадзагъул кодта йæ къуырфы мидæг. Йæ фæстæ æхситтимæ, хъæргæнгæ, лæф-лæфæй, фæлæ, æгæр æм куы бахæстæг уой, уымæй тæрсгæйæ, уæзззау санчъехтæй згъордтой алы хъылма адæм алы хъылма уæлæдарæсы: иу мили- ционеры цъæхснаг æхситмæ-иу уайтагъд æввахсдæр фисынты фæсте иннæты къуыззитт райхъуыст. Куыдз йæ мидбынатæй йæхи уыциуæхст фæкодта Володя- йыл, йæхи йыл андзæрста. Æз удаистæй ныхъхъæр ластон: — Фæстæмæ! — Уымæ тынг диссаг фæкаст мæ бардзырд, фæлæ уæддæр коммæгæсæй раздæхт. Æз мæхи сисыл æнцой бауагъ- тон, куыдзы хъуырбосыл хæцгæйæ: Володя нæ цурты куыд æрбацæйзгъордта, афтæ мæ базыдта æмæ ма йын, а, зæгъгæ, фæкæнын бантыст, æппæтæй æнцондæр мыр зæгъын. Æз кæм лæууыдтæн, уырдыгæй иннæ уынгмæ ’ртыккаг, æви цыппæрæм кулдуарыл уыд алидзæн къæдз-мæдз æмæ талынг къуымтæ-къуымтыл. Володя дæр йæ ных уыцырдæм сарæзта. Æмæ ма йæ ссæдз санчъехы цыдæр куы хъуыд, уæд ын сыхаг бæстыхайы кæртмæрзæг йæ къæхты бынмæ йæ даргъ уисойы хъæд баппæрста. Володя æваст ныхъхъæр ласта æмæ ахауд. Мах æм æнцад кæсын нал бафæрæзтам æмæ йæм атындзыдтам: æз мæхимидæг скарстон, зæгъгæ, Володяйæн йæ царды кæрон æрхæццæ. Мæ лымæн йæ куыдзы ’мбудæнтæй ахста æрцæуинаг лæгмарды цъæхснаг тæф: йæ хъуын арц сбадт æмæ йæ буар дыз-дыз кодта. Володя хуысгæ-хуыссыны фехста, æмæ кæртмæрзæг æрфæлдæхт. Араллогæнæг дзыгуыр хæстæгæй хæстæгдæр код- та. Володя сыстад æмæ азгъордта, тынг къуылых кæй у, уый йыл бæрæг дардта. Иннæ уынгмæ алидзæн цы кæртыл уыд, уым фæмидæг: ничиуал æй ссардта. Кæртмæрзæджы комхæлиу мард — мæлæт ын йе ’фсæртыл фæйнæрдæм ахæцыд, — хæстæгдæр цы пъадвал разынд, уырдæм ахæр-хæр ластой. Горæты иу цыдæр итайлаг уыдис, йæ ном Андрей: фæлæ итай- лаг æцæг итайлаг уыдис. Хъæдабæйæ хуыд къурткæтæ цыма уæй кодта, уарзта нурытæ хæрын æмæ уырыссагау та тыхтæй- амæлттæй дзырдта. Æз æй æмдзæхгæр нывтыл карст сылгойма- гимæ федтон: дæларм-уæларм хæцгæ фæцæйцыдысты; сæ фæдыл къуылых-къуылых уад Володя Чех. Æз, сылгоймаг чи у, уымæй Володяйы бафарстон: — А-а! Катя у. «Бурхуыз» уарзы.
,^54^ —-«^. Гæздæнты Гайто К^^=^^ Æмæ нæ ныхас ууыл ахицæн. «Бурхуыз» та блатнойты æвза- гыл амоны «сызгъæрин». Сылгоймагимæ-иу уыдис Сергеев, зæрдæхсайгæ лæг, горæты цыдæриддæр роттæмдзæуæн хæдзæрттæ уыд, уыдонæй кæцы- фæндыйы дæр — хион. Фæстæдæр афицер ссис æмæ сырх æфсады салдæттæн разамынд лæвæрдта. Дыууæ æви æртæ хатты цыдæр æз æмдзæхгæр нывтыл карст сылгоймаджы театры федтон, парте- ры-иу къæлæтджыны бадт. Стæй бирæ рæстæджы дæргъы нал фæзынд, æрбацыдæр. Ралæууыд ахæм бон дæр, æмæ мæн уыцы горæтæй фæцæуын æмæ дæргъвæтин уазал æхсæвты, стæй хæсты, стæй фæззыгон хъуынтъыз денджызы æвджид мæ уаты къуым ныууадзын куы бахъуыд. Æз уый хæдразмæ федтон нæмыгадзагъды фыццаг амæддæгты æмæ Володяйы уæрæхгом удæнцой цæст — гæрæхтæ куы стынг сты, уымæн æй йæ дыккаг къуыри амардтой. Мæ лымæн хæдзары баззад: уый нæ фæцæуæг ис мемæ, æмæ нæм урс сосавæндагыл цæуыны æмæ цъæх кæрдæгыл фæлдæхтæй хуыссыны амонд никуал æрхаудзæн. Нæ йæ фæндыд мæн ныу- уадзын, файтоны фæстæ суанг вагзалмæ згъордта æмæ — ахæм бæрнон, æхсарджын æмæ сонт фæлмæнзæрдæ — вагоны цур ниудта. Хорз нæу, ай-гъай, рагон æрдхæрдты сæ хъыджы сахат иунæгæй уадзын, фæлæ æз ацыдтæн. Адæм мын мæ лымæнæн марг бадардтой, цы стæг æхсыдта, уый сын раттынвæнд кæй нæ кодта, уый æфсонæй. Хабар æрцыд æгъатыр рæстæджы — 22-æм азы. Тынг зынудисæнгæнгæ мард, мæ къух не ’рынцад йæ мæрдон уазал ныхыл: йæ сæр зылд куый- тæн æнæзонгæ зылдæй, æмæ, чи зоны, æмæ мысыд файтоны цæлхыты æрттиваг дæндæгты зилдух, стæй дурты рыджы тæф. Æз ам федтон æмдзæхгæр нывтыл карст сылгоймаджы дæр. Йæ къухтыл цонгдарæнтæ: уый бурхуыз уарзы. Фыццагау йæ уæлгуыры бынæй размæ ратынг сты цæхгæр æмæ сæрыстырæй йе ’мраст риутæ: йæ алы фезмæлд дæр у размæ æнæфæтасгæйæ тындзын. Мæ рудзынг — йæ балкъоны ракомкоммæ. Æхсæвы- гæтты, æз куы фæбадын æмæ куы фæфыссын, уæд йæ балкъо- нæй, æмраст тынтæ нывæндгæйæ, рухс фæкæлы. Йæ фатеры йын къамæй фæхъазынц. Мах Уæрæсейы цыппар уыдыстæм: фæлæ Володяйы къухтæ æмæ цæст мæ лымæны сыгъдæгдзæсгом къæдзйлы æнамонд хай ахордтой. Сæ райгуырæн горæты амардысты дыууæйæ дæр иу урсьпы мæстæйфыцгæ нæмыгæй, дыккаг — цыхъуынджьшзæрдæаныхъуырдта, уый маргæй.
УАДДЗАЛХ АДÆМ ^. .... ^$) Мах цæргæйæ баззадыстæм: æз, Уæрæсейы фæндæгты гакъон- макъонтæ Хурныгуылæны æмраст æмæ æмлæгъз хæххытæй чи баивта, уый. Æмæ бурхуыз уарзаг сылгоймаг. Æмæ ма ноджыдæр иу хуымæтæг аллегори баззад: мæнæ куыдзы комæй æрхауæг фатæй рæхуыст зæрдæйы эмблемæ, геометрион къуымтæ æмæ лæгмарыны тыххæй урок, Францы готикон аргъуанты уæлæ уæззау сахатты сым-сымгæнаг фатæгтæ, — иу дзырдæй, згæхæрд рæстæг. П Мæ зæрдæйы дæрддзæф æмæ гыбар-гыбургæнæг æдзæрæг рæтты æнæсæрбос рæстæджы пысырайы пыхсыты ’хсæн цыппарырдыгæй æрбынатон сты хуссайраг горæты цыппар уынджы: Мещанты, Павловскы, Слесырты æмæ Владимиры уынгтæ. Сæ тæккæ бæста- стæу та, «Булочное и булочное производство», зæгъгæ, ахæм ду- канийы мидæгæй, мадам Шуцманы аууон, Израилы аудæг базыры бын, дзуттæгты сыхы зæрдæхæццæгæнæн адджын тæфы æвдылдæй урс дары худæнбыл трагедийы сурæт — рæстæджы сау фæйнæгыл къахкъухтыл кафæг стæгдар. Ацы сыхы, цыппарырдыгæй хъæздыг уынгтæй цъистгонд сыхы, уæлдай зындгонддæр уыдысты цыппар бæстыхайы: фысымуат «Русское хлебосольство»; бильярдæй хъазæн — йæ рудзгуытæ йын æнæсцухæй дæрæн кодтой æмæ та сæ-иу ногæй-ногмæ сæвæрын хъуыд, йæ хицау уыд Качурьянц; æхсæнадон библиотекæ, стæй æнусон дадайы сатæг пъадвал — йæ бацæуæны тæккæ сæрмæ дæргъæй-дæргъмæ фыст — «кафе закуска три бильярда». Дурдзæфау æнæфенкъуысгæ æмæ ныфсхаст, сæрдæй- зымæгæй нымæтын къахыдарæсы, æнусон дада уыд фынæй пе- хуымпары халдих. Нозт æмæ-иу ахуыйæн кæм æвæрдта, уыцы тæрхæджы цур бадгæйæ, æдзухдæр рæдзæ-мæдзæ кодта: æвип- пайды фехъал уыдаид, схуыфæгау кодтаид æмæ-иу, ныр дæс æмæ ’ртиссæдз азы зæгъон, мæнг дунейы рухсмæ чи каст, уыцы уынгæг цæстытæ адæмыл æнæууæнкæй сгаргæ ахастаид, — стæй та-иу бильярдæй хъазджыты къориты къупп-къупмæ æнæбон зæры кары къæрцхъус фынæй ацис. Хъазт-иу куы фесты, уæд- иу æй йе уæхскæй бауыгътой: — Бафидæм, æви нын куыд гæнгæ у, и, дада? — Фидын хъæуы, фидын, ау, уæдæ, уый та куыд у — æнæ фидгæйæ? Качурьянцы бильярдæй хъазæны фæскъуым Шуркæ Кац, би- льярдæй хъазты ерысдзаутæн сæ дæсныдæртæй иу, сусæгæй уæй
^56^. -«--«г^ Гæздæнты Гайто кодта керенкæ-’хцатæ æмæ кокаин. Качурьянц та, ныллæджытæ саулагъз лæг, тъæбæртгæнаг цæстытæ йын, нæдæр хылгæн- джытæ-быцæугæнджытæм йæ хъус дардта, нæдæр, чи цы кусæг у, уымæ. Фæлæ Кацимæ сусæг æмвос уыдысты, иумæ уæй код- той уæлæнгæйтты фæрсыгъд денатураты спъиртт, иумæ архайд- той æхцаджын адæмы мидæмæ сайыныл. Бильярдæй хъазæн хæдзар царвы ленк кодта. Йæ иузæрдион уазджытæ уыдысты, сæ дæсныйад хъазын кæмæн уыд, уыдон сæхæдæг æмæ, йæхи цыппæрдигъон стъæлтты рыцарты аивадæн чи снывонд кодта, зæххыл къориты знæт къуырццытæ æмæ сæ лузæты-цъысымты фæрстыл зæллангæй адджындæр музыкæ кæмæн нæй, уыцы адæм. Фысымуат «Русское хлебосольство», уæладзыгджын чъизи бæстыхай, йæ одессæйаг хицауимæ цъиувæдисмæ, алы хъæрахст æмæ цъæхахстмæ æргомыздæхт фæцис: хуынчъы суари аирвæзт, уæд — загъд-замана, искæй сæ сомырдæджы бæрц асайдæуыд — дун-дунетæ бабын сты! Сæ аралло-иу сæумæйæ райдыдта, сихæрттæм-иу чысыл фæсабыр, стæй та-иу изæрырдæм бæстæ сæ сæрыл систой — кæд денджыз йæ миног искуы ивта, уæд ацы фысымуат дæр. Гом рудзынгæй-иу хъуысти: — Уый та ома куыд ома нæй дæ фæсонæрхæджы дæр ома фидын? — Куыд вæййы, афтæ. — Мæнæ лæг бонæн царциатæ куыд хъусы! — А! Æмæ — рудзынджы æвгты дзыгъал-мыгъул, кæйдæр къæхты гуыпп-гуыпп, дуарæй, кæс æмæ та разывытт кодтой фысымуаты хицауы, параликæй цæф дæргъæй-дæргъмæ лæджы. Тынг æна- монд уыдис, уæдæ нæ уыд — йæ дыууиссæдз азы йæхи фесты, фæлæ уæддæр йæ къæхтæ раст айсын нæма сахуыр, къахæй къухæй йын-иу æддæг-мидæг ауадысты — искæй бамыхъгæни- наг у, зæгъгæ, уæд йæ цæф бынатыл никуы сæмбæлдаид, ома кæдæм-иу хъавыд, уым. Æмæ йын-иу бамбарæн нæ уыд — кæнæ- иу æй расыг фенхъæлдтаис, кæнæ та хабар йæ низыхъæдæй аразгæ уыд: нæдæр афойнадыл асанчъех кæнын, нæдæр йæ къæхтæ ра- дыгай’айсын зыдта. Æрмæстдæр-иу уынджы фæхъæбатыр: — Раст кæй дæ, ууыл ма мæ æнæ кардæй баууæндын кæн, æнæ кардæй! Кардимæ алкæй бон дæр у!
УАДДЗАЛХ АДÆМ ^. ^ ^Гт^ ^^2^^У Дуарæй-иу уæлахиздзауæй рахызт Мишкæ, алы къухфыс- тытæн цъæрттæгæнæг, цыдæр æбæрæг адæймаггонд, йæ цæсго- мы æууæлтæ йын дæ зæрдыл ницы хуызы бадардтаис. — Æллæх, æллæх, мæлæты фысымуат! Федтон ма æз ахæм- ты! Фæлæ-иу Мишкæйы уæлахизы цин бирæ нæ ахаста: фысым- уаты хицауы хæдивæг, зæронд æмæ къуыпсин фыдлæг-иу æй фæстæрдыгæй тулдз лæдзæгæй фæсуттыр кодта, æмæ-иу Миш- кæйы тъæпп тротуарыл фæцыд. Дыккаг бон та-иу фæстæмæ фысымуатмæ æрбасхъæл. — Ды, Петрович, алцы дæ зæрдæмæ хæстæг ма ис, фæбыцæу стæм дысон æмæ — цы? Ницы! — Хуыцауы тæригъæды ма цу, Мишæ, мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд дæумæ фыдæх зæрдæ бадарын. Мæ зæрдæмæ тынг цыд Павловскы уынджы изæры сабыр уæлдæф. Фисынæй æрбагуылф кæнынмæ фæхъавы стыр горæты аралло, фæлæ уалынджы тигъыл цæхгæрмæ фæзилы æмæ æрбай- сæфы. Æнафоны цæуджыты æндæргтæ кæдæмдæр атындзынц, дыууæ цырагъы — æнæхъæн уынджы æндæр нæй — тыхамæлттæй судзынц, сæ рухс куы мынæгдæр фæвæййы, куы тыхджындæр. Астæрды уæззау къæйдуртæ хурвæлладæй хуыссынц, хурфæл- мæцыд æмæ адæмы æнæсæрфат рауай-бауайæ фæлмæцыдæй. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу фæзындысты мадам Шуцманы чыз- джытæ: хистæр, Софья, бæрзонд схъæл чызг, театралон студийы ахуырдзау, алы хатт дæр æм вæййы Блокы, кæнæ та Брюсовы чиныг; стæй кæддæриддæр у æнæвдæлон: сæхимæ бауайдзæн æмæ та уайтагъд, кæс æмæ — федде. Кæстæр, Маруся, иуда- дзыгдæр исты зарæг зарыдаид — йæ царды бонтæ ’рвыста алы зæрдæхсаинаг бынæтты, цыдæр театргæндты, уæгъдибар уарз- ты Лигæйы. Мадам Шуцман æй æгæр хорз дæр ма зыдта, йæ чызджытæ, цыдæриддæр сæ уæнджы дзуттагæй уыд, уымæй кæй равдæлон сты æмæ хæдзарæй дæр кæй никуал уыдзысты, уый. Изæрыгæтты-иу мадам Шуцман уынгмæ рацыд — æхсынæнтæ къæрцц кæнынмæ æмæ «сыгъдæг уæлдæфæй улæфынмæ». Дын- джыртæ, фæйнæрдæм фæцыд, æнæхъæн дыууадæс удгоймаджы схæссæг гуыбынимæ — уыдонæй йын æрмæстдæр дыууæйæ фесты цæрынхъом; йæ сæрыхил халасдзæф æмæ йын æнæнцой цæстытæ, мадам Шуцман йе ’ддаг бакастмæ гæсгæ бирæ кар-
^58^ ^*--*-*. Гæздæнты Гайто джындæр зынд йæ азтæй. Фæлæ, хæрзæрæджы дæр ма æрыгон кæй уыд, ууыл комдзог цыдысты, сæ хуыз чи нæ аивта, уыцы сырх-сырхид былтæ æмæ йæ рæвдз, æнхъæл ын куыд нæ уыда- ис, ахæм рæвдз фезмæлд æмæ февнæлдтытæ. Бирæ уарзта йæ цардвæндаджы тыххæй дзурын — æмæ-иу мæн та иудадзыгдæр дисы ’фтыдтой йæ хъæлæсы сабыр уаг æмæ, царды цыдæриддæр уæззау æмæ зæрдæхъыг хабарæй ис, уыдо- нимæ рагацау разы кæй у. — Æмæ мæ уæдæ ам не ’рæййæфтаис, мæ дзæнæты бадинаг Арончик нæ уыдис,зæгъгæ, уæд. Æмбарыс, дард кæддæр уыдис уый — мæ зæрдæйыдзæбæхæн иу хорз куыстуаты мæхицæн чызгæй цардтæн, уæвгæ та ды æрыгон дæ æмæ дæ йæ зонын ницæмæн хъæуы. О, æмæ цыдæр муртæ æрбамбырд кодтон, цыдæр капеччытæ æмæ мæхицæн компаньон агуырдтон, мæхæдæг исты гæс куыд суыдаин, афтæ. Гъемæ дын Арончик куы фæзы- нид, хибар уатмæ мæ бакодта æмæ мын афтæ: ам цæмæн сæфыс, Дорæ, дзуттагæн уый худинаг у. Æз дæр ын зæгъын: адæм иууылдæр худинаджы цардæй цæрынц, мæнæ ды дæр дæхæдæг сылагур æхсинты хæдзармæ æрбафтыдтæ, уæд дæ цы хъæуы? Дорæ, зæгъы мын, æз дæ ардыгæй акæндзынæн, лæг æмæ ус суыдзыстæм æмæ æндæр горæтмæ ацæудзыстæм. Æз ын дзуапп дæттын: уыдæттæ ды æндæр искæмæн дзур, æз ардыгæй никæдæм ацæуинаг дæн. Æмæ куыд æнхъæлыс? Ныккуыдта дын. Дæ амонд, дам, дæ къахы фындзæй ма къуыр, ацæуæм иумæ ардыгæй, мæн дæр, дам, ма æнамонд кæн. Цы ма йын загътаин, ахъуыды код- тон æз дæр æмæ фæцыдтæн йемæ. Уый фæстæ дзулуæйгæнæн дукани байгом кодтам Херсоны, стæй та Екатеринославы, ныр æз та — æнæсцухæй æнхъæлцау, нæ сабитæ та мæлынц æмæ мæлынц. Æз ын зæгъын: чъылды- мыздæхт нæм у амонд, Арончик. Уæд та, дам, мæнæ ацы горæтмæ цом æмæ дзы мыггагмæ баззайдзыстæм, сывæллæттимæ дын удæнцойдæр уыдзæн, фырт дæр мын схъомыл кæндзынæ. Нæй, нæ ацыд мæ амонд, нæй мын лæппу, айдагъ чызджытæ мын рантыст. Арончик та амард фондз азы размæ, цыдæр маргхъæстæ тахынæг бахордта. Мæ дыууæ чызгимæ баззадтæн; адæм мæ нæ хъыгдарынц. Кæй хъæуы зæронд дзуттаг усы хæррæгъ? Фæлæ, ’нхъæлыс æмæ, чысыл фехъуыстон ахæм фидистæ дæр — «жидовка, жидовская морда»? Фæлæ, ’нхъæлыс æмæ, чысыл нæ фæмардтой хурхæй? Херсоны уыд иу дзидзауæйгæнæг Хри-
УАДДЗАЛХ АДÆМ ^^ ^?| санф — усджын лæг, ныр æз та æнхъæлцау, уæддæр мæм йæ бæттæнтæ тыдта, йæ къухы куы бафтин, ууыл хъазуатæй архайд- та. Арончик-иу мæ сæрыл сдзырдта. Гъемæ дын мæнæ кæсын рудзынгæй æмæ уынын: нæмы æмæ йæ нæмы Хрисанф. Арончик кæуы — цы йæ бон у дзуттагæн? Мæнæн та мæ зæрдæ тоны. Хæдзармæ æрбацæуы Арончик, цæсгом цъæхтæ, йæ тугæй йæхи æхсы, йæ цæссыджытæ гæр-гæр кæнынц, йæ бон сæ бауромын нæу, — æмæ мын зæгъы: Хуыцау алцæмæн дæр быхсы, ахæм у нæ хъысмæт, Дорæчкæ. Фæлæ, цалынмæ æз æгас дæн, уæдмæ уый дæуыл нæ андзæвдзæн. Гъемæ куыд æнхъæл дæ? Дзидза- уæйгæнæг Хрисанфы йæхи куыдз бахсыдта, сæрра æмæ йæ бах- сыдта. Куы нæ дæрæн кодтой, уæд нæ уырыссаг лæг фервæзын код- та «погромæй», нæ сыхаг дуканийы уæйгæнæгæй куыста. Со- няйы нын бирæ уарзта, къафеттæ-иу ын æрбахаста, æмбæхсын- ты-иу хъазыд йемæ. Нæ дуканийы нын иконæтæ сæвæрдта, йæхæдæг къæсæргæрон сбадтис æмæ мидæмæ никæй уагъта. Уый фæстæ йын стæрхон кодтой, йæ хицауы топпæй амардта. Уæд мын Маруся райгуырд. Цасдæр афæстиат, стæй та мадам Шуцман загъта: — Хорз адæм сты уырыссæгтæ, æцæг сæ зæрдæтæ тæвддæр сты æмæ бæзджындæр у сæ туг. Мадам Шуцманы чи амардта, уый не сбæрæг. Мæ лымæнимæ иу райсом Павловскы уынгмæ æрбацыдыстæм. Дымгæ футт кодта, хъуыддаг уыд фæззæджы, æхсæвы гæрæхты фæстæ уынгтæ ныссабыр сты, ноджы ма сæ уæле бынмæ æлхъывта Уæрæсейы уæззау арв. Дукани æхгæд уыд, мах кæртыл бацы- дыстæм. Ставнæты ’хсæн хуынчъыты мидæмæ рухс хъардта, нæ къæхты бын фæлдæхтæй хуыссыд мадам Шуцманы мард, йæ сæр фаз. Йæ фарсмæ — Марусяйы æнæфсармæй зыбыты гом къæхтæ, йæ дæлгуыр куырмæлхынцъæй баст йæ сæрыл. Куы йæ суæгъд код- той, уæд Маруся йæ алыварс ахаста йæ цæстытæ, дзуттагау фæкодта — мæнæ цы худинаг ис! — æмæ ныккуыдта, йæ мады уазал буар йæ хъæбысы ныттухгæйæ. Дуканийы тæрхæгыл дзулты рæдзæгъдмæ æнцой æвæрдæй лæууыд сау фæйнæг — мадам Шуцман ыл-иу йæ фæлхæстæ фыста; ныр уыцы фæйнæгыл кæйдæр арæхстджын къухæй ныв- гонд уыд къахкъухтыл кафæг стæгдар.
^60^-^-гж Гæздæнты Гайто III «Дун-дунетæ уыдысты змæст; горæты хæлддзæгты астæуты згъордта хæл-хæлгæнаг сыгъдæг дон, сау цъиуы егъау æндæрг тарæрфыгæй каст знæтбарц фурдмæ, доны чызджыты æрттиваг къæдзилтæм: уæлдæфы хъæрахстгæнгæ кæдæмдæр тындзыдта дæлимонты хъуынджын рæгъау: Хуыцау фæцæйцыд автомоби- лы, цыппар дзуары уасыдысты фæдисмæ сидæг хæтæлтæй. Ми- назонтæ райгас сты æмæ кæмдæр гыбар-гыбургæнгæ згъæлды- сты Иерихоны фидæрттæ». Афтæ райдыдтой Илья Аристарховы боныджы фыстытæ, ^ырыссаг лæджы, мæлгæ та акодта СЬагепГоп’а-йы æррадоны. Йæ царды фæстаг бонты дæр ма, Парижы сæйраг ахæстонæй йæ рынчындонмæ куы ’рбаивтой, уæддæр ма, йе ’нæбоныл мæстæйхæлгæйæ, æнæхъæн сыфтæ фыста: йæхи-иу пъолмæ ап- пæрста, сахатгай-иу æнæфезмæлгæйæ фæлдæхтæй лæууыд æмæ- иу сыстад, цæмæй та кусын райдайа — йæ куыст ахсджиагæй хъæугæ у, зæгъгæ, нымадта. Ие ’ппæт царды дæргъы дæр Илья Васильевич афтæ хъуыды кодта, æмæ уымæ кæсы бæлæтты чиныг ныффыссын. Уырыссаг эпосы кадæг ын йæ хъуыдытæ йæхи бакодта, æмæ йæ фидарæй уырныдта, бæлæтты чиныг ныффыссын æрмæстдæр сæнтдзæфмæ кæй кæсы, уымæн æмæ æнæуи хуымæтæг адæйма- джы зондахаст кæнæ сау фæткъуыты знæтуагæй фæтæ- ригъæдхъæстæ, кæнæ та фæныкхуыз хрусталы æгъуыз уындæй фæхайджын: кæнæ та махæй, мæнæ роман «Ь’Ьотте ^ш гк^-ы архайæг чызгау, фæйнæхуызон цæстытæ кæмæн ис, уыдон уыциу рæстæг куырм сты мæйдары дæлимоны мæстæйфыцгæ æнкъарæнтæ æмæ фæныкхуыз быдыры уазал урс гагуыйæ. — Мæныл бæлæтты чиныджы бирæ томтæ æруæз кодтой, — дзырдта Илья Васильевич, — æмæ уыдон æмпъухгæйæ мæ цæсты- ты туг фæбадт. Фæлæ æз дард æмæ иттæг хорз уынын: уынын Хæтæг Голландиаджы уæззау урс пæлæзтæ, Агасферы урс зачъе- тæ æиæ финикийæгты уæнгрог бæлæгътæ. Илья Васильевич йæ зондæй кæй фæцух, уымæн йæ бынду- ры уыд дыууæ ’мдых æмæ кæрæдзиуыл æнгом баст низы — мегаломани æмæ фæдылзилæгæй тæрсыны тас. Ахæстоны дæр æмæ æррадоны дæр йæхи афтæ дардта, цыма æппындæр никæй- уал зоны: йæ зонд-иу бынтон куы баталынг, уæд-иу дохтыры 1 «Худгæ чи кæны, уыцы лæг».
УАДДЗАЛХ АДÆМ ^ к--.УбТ) ,дзæдæлгонд хуыдта, санитар Франсуайы та — Роберт, йæ фарсмæ иннæ сынтæгыл цы сабыр рынчын хуыссыд, зæрингуырд — уымæн та уый фыдæй фæкуыддæр йæ сæрызонд, æмæ дзы сæдæ фран- чы билет кæй фесæфт, о, æмæ уый та афтæ хуыдта — «ме ’рдхорд Тагор». Рынчындонмæ бахауыны размæ Илья Васильевич дæр бавзæрс- та революцийæ лыгъдраттæг уырыссаг лæджы фыдвæндæгтæ: мæгуырады цардæвзарæнтæ кæй рауад йæ лыгъд, уый йæ зæрдæсаст кодта йæ фæстаг бонмæ. Мингæйттау уый дæр Кон- стантинополы голджытæ уæхскуæзæй хаста наутæм, Венæйы сыдæй мард, Берлины дзы спекулянт рауад — æмæ ма йæхи ’мбарынхъом куы уыд, уыцы бонтæ Парижы батыдта. Фæлæ дзы никуы æмæ никæм ферох, бæлæтты чиныг ныффыссын æрмæстдæр уымæ кæй кæсы, уый. Йæ мæлæты фæстæ мын Фран- суа йæ ис-бис ратта: хисæрфæн, цалдæр сыфы гæххæтт (иннæтæ Илья Васильевич басыгъта) æмæ ма замманай хæдфысгæ ручкæ \^а!;егтап. Уыцы ручкæйы пъеройы сызгъæринæй фыст уыд бæлæтты чиныг — мæнæ дæлдæр æз цы скъуыддзæгтæ ’рхæсдзынæн, уыдон ма дзы баззадис æрмæст. Илья Васильевич хуымæтæджы кæй нæ феррадзæф, уый æз зонын: бирæтæ ма нæ бамбæрстой уыйау нырыккон æрвылбоны царды хуымæтæг домæнтæ, уый хуызæн ма бирæты, алы идеятæ нæ, фæлæ, сæ цæстæй цы уыдтой, тынгдæр уыдæттæ уырныд- той. Бæлæтты чиныджы лирикæ, растдæр зæгъгæйæ та, цы дæсгай рæнхъытæ ма дзы аирвæзт, уыдоны лирикæ у æмхæццæтæ æмæ романтикон: Илья Васильевичæн йæ бон йæхицæй фæлидзын кæй нæ уыд, уый ууыл дзурæг у, æмæ йæм нывгæнæджы курди- ат кæй нæ разынд: иувæрсыг кæй уыд йæ цæстæнгас, хъулон- уарзт, уымæн та йæ ратæдзæнтæ уырыссаг æхсæнадон-аивадон литературæйы бынысæфт традицийæ цæугæ сты. Фæлæ уæддæр бæлæтты чиныг æнæцымыдисаг не схондзынæ: у нуарджын, æмæ фантастон, æмæ бæлвырд цæйдæр хуызæн, мæнæ æврагъ те- уайы ’нгæсæнтæ цыдæр куы уа, раст уыйау. «Уæззау у, æфсымæртæ, Дарданнелты сæрмæ хур. Мæнæ æз фынæй дæн æмæ мæ фыны уынын Галлиполи, денджызы урс фынк былгæроны хуырмæ куыд тутæ кæны, уый æмæ стæй даргъ сау-бурбын былгæрæттæ. Уым, уыцы быгъдæг бæстæйы, бæгънæг- бæгъæмвад хъæддаг адæм стонгæй кæм мæлынц, хæрджытæ æмæ
/^Ч^^^..^ Гæздæнты Гайто хъуццытæй хуым кæм кæнынц, цъыф, фидисы ’фхæрдау, чъиу-, джын кæм у, æмæ газетты разныхæстау кæм нытътъанг вæййы, уым мах цардыстæм, уæлахиз кæуыл фесты, ахæм салдæтты лагерæй. Махыл фæуæлахиз сты революци æмæ цард. Мах-иу былгæронæй кастыстæм Стамбулæй Европæмæ æмæ ма ноджыдæр дарддæрмæ, суанг Нью-Йоркмæ, æмбойны чи схъæздыг, уыцы буржуаты ласæг егъау æмæ сæхицæй хъал трансатлантикон наутæм. Нæхи-иу денджызмæ баппæрстам, фæлæ нæ дон йæхимæ нæ уагъта. Мах сыдæй мардыстæм. Иуахæ- мы дын æз галлиполийаг æнхъызт æлыджы къуыбар куы аныхъ- уырин: уæдæй фæстæмæ мын уыцы комдзаг, мæ зæрдæйы билцъ æфтаугæйæ, стонджы бурдзагъд тасæй мæ уд сцæйхауын кæны æмæ мын, цы зæххыл хъуамæ цæрин, уый уæззау мысинæгтæй мæ зæрдæ æлхъивы. Цард, хуымæтæг хæйттыл æй куы адихтæ кæнай, уæд уый у сæудæджер кæныны, уарзондзинады æмæ стигъыны бастдзинад кæрæдзиимæ. Мах уыдыстæм стигъджытæ. Уæззау у, æфсымæртæ Дарданеллты сæрмæ хур. Æз, уырыдгæй лыгъд раттыны размæ, бабæрæг кодтон, сæ хъысмæт Уæрæсейæ Галлиполийы фæлурс былгæрæттæм кæйдæр æцæгæлон зæхх схъацæнджын кæныны охыл кæй рарвыста, уыдоны уæлмæрдтæ. Æмæ мæнæ мидæмæ бахызтæн æмæ уынын: ингæнтæ, кæрæдзийы къæбуттæм кæсгæйæ, рæнхъгай лæууынц — салдæтты рæнхълæудау, мæрдты ротæйау; нæдæр сын бар- дзырдтæ дæттæг ис, нæдæр сæхæдæг искуы фезмæлдзысты. Мæлгæ дæр номыргай акодтой æмæ, кæмæн кæд æмбæлд, афтæмæй: Хъаймæты Бонмæ дæр мæнæ афтæ рæнхъгай цæу- дзысты, æмæ се ’фхæрд дæр рог æфхæрд уыдзæн, бæрæг сахæттæ хъахъхъæнæгæй фæлæууæгау. Алчидæр, хуыздæр цæмæ арæхсы, уый фæкæны: румынæгтæ оркестрты хъазынц, кавказæгтæ къахкъухтыл лезгинкæ кафынц. Мах та айдагъ мæлынмæ арæхстыстæм. Уый хæрзхуымæтæг хъуыддаг у. Мах нæ мæрдтæй байдзаг кодтам Уæрæсейы æбæрæг адæгты æрфытæ æмæ, æгасæй чи баззад, уыдон, цы кусой, уый нал зонынц». «Уыдон худынц æмæ мын се ’нгуылдзтæй амонынц егъау горæтмæ æмæ зæгъынц: «Цæрын мæнæ куыд хъæуы. Цæрын хуымæтæг хуызы хъæуы: трамвайы цу, чумæдан æмæ дын хæзгул уæд, æмæ стæй фысымуатæн фид». Сæ хъуыдыйы бон нæу го- рæты мæрдхуыз æндæргты астæуты алæгæрдын, уыдон, денджыз
УАДДЗАЛХ АДÆМ ^5^^63) циу, уый нæ зонынц; уыдон тутитау сахуыр сты сæ къалатитыл. Æз та йæ зонын, дзидзауæйгæнæн дуканиты мæм мард бæхты сæртæй ме ’фсымæрты цæстытæ кæй кæсынц, мæхи æз мæнæ ацы куыйтимæ згъорын кæй ахуыр кодтон, къæбыла ма куы уыдтæн, уæд. Уыдон æй пантеизм1 æмæ атавизм2 хонынц, фæлæ йæ æз уынын, пиллон арты Анатоль Францы чингуытæ кæй су- дзынц, æрмæст æй уыдон нæ уынынц. Æз уыциу рæстæг æртæрдæм уынаг дæн: æмлæгъз тъæпæнтæ сты уысмы бæрц бонцау, рæстæджы æмдзæхгæр бæрзонд къул æмæ уынгæг къуым — рæстæг æмæ тыгъдады гæрæны æмраст тагæй арæзт къуым. Фæлæ царды ничердыгæй хъæуы, æртæрдæм уынаг уай, уый. Хъуамæ дæм чумæдан уа, æмæ уыдон уымæй раст сты». «Æмæ мæ алыварс адæмы знæт гагуыты æз уынын уыцы фы- дæхы арт — уый мæ фæтæрсын кодта уартæ суанг сабийæ, Ка- мæйы уæлбыл хъæды бирæгъыл хæрхæмбæлд куы фæдæн, уæд». «Раздæр мæ лæгъз тъæпæнты нымæц тыхсын кодта, æз кæм цæрын, уыдон, ома мæ цæстыты раз сыстæг æртæ аспекты. Уыцы табуйаг нымæц — æртæ — мæн уыйбæрц у, мæнæ æртæрдæм уыныны хицæн хæйттæ мæн цас сты. Хаттæн мын мæ цæстæнгасы развæндаг царды æцæгдзинады уираг æмæ дойнаг дуртæй асыгъдæг кæнын бантысы: æмæ уæд фæуынын доны цæхæркалгæ уæлцъар, æмæ сау цъиуы, æмæ Хуыцауы, зæххы къори йæ хъæбысы ныттухгæйæ. Тыгъдады хаххыл, кæдæмдæр тындзæг æмæ уæддæр иу ран æндзыгæй лæууæг æрвгæроны уазал уæлдæфы æз æвæрын, хæзна- ты хæзнадæр мын цы у, уый — Уæрæсейы. Мæ райгуырæн бæстæ — Хуыцаумæ фæндаг. Йæ егъау зæрдæ тæпп-тæпп кæны Мæскуыйы аргъуаны сæрмæ, æмæ йæ дзырд та, горæты дзолгъо-молгъойы мынæггæнгæйæ, уæлдæфы тыбар- тыбур кæны тарст бæлоны базыртау». «Сæумæйæ, горæт ма фынæй куы фæкæны, уæд æз талынг дыдагъуынджы фæлæууын æмæ паштетæй сæрст къæбæр феу- уилын. Уый ма кæддæрты уыдис, уый та ногæй-ногмæ æрыздæ- хы. Мæгуыргурады истори, чи зоны, æмæ дзæвгар рагондæр у давыны историйæ. 1 Пантеизм — æрлз æмæ Хуыцау иу хонын. 2 Атавизм — цæрæгойты рагзаманты æууæлтæ.
Гæздæнты Гайто Мæгуыргурады тæнджыты цы нау ныссагъд, уый мах, уырыссæгтæ, фенкъуысын кæндзыстæм. Махмæ, иннæтæн цы нæ фаг кæны, ис уый: диныл æнувыд æрра дзуттæгтæ, фабрикон зарджытæ æмæ уæрæх фæзтыл канкан кафæг горæты хицау сæртæ. Ахæм табуйаг тæнæгзонд нын чырыстон дин радта: кафæг лæппу Мадымайрæмæн куыд лæггад кодта, афтæ лæггад код- там мах дæр Хуыцауæн — мах стæм зæрдæйæ сыгъдæг æмæ сæрыстырдзинадæй мæгуыр». «Æз æрбаздæхтæн Уæрæсемæ, фондз азы размæ цы хæдзарæй ацыдтæн, уырдæм. Гъемæ дзы мæнæ æрбаййæфтон рудзгуытыл дзуарсавæрдæй хост фæйнæджытæ æмæ æцæгæлон бæстæ, стæй цæхæрадæттæ хæмпæлгæрдæджы бын, стæй æрдæгхæлд тохы- на, стæй дуарыл сау ала дзуар. Нæ сыхæй дыууæ сыхы фалдæр, горæтгæрон арт сирвæзт фосæргæвдæнтыл, æмæ мингай уырытæ, цъыс-цъысгæнгæ, згъордтой уынгты. Æз фистæгæй ацыдтæн. Æрвгæрæтты арæныл ратæх-батæх кодтой хæлынбыттыртæ, къæхтæ фæлмæн рыджы ныгъуылдыс- ты, æмæ æнæхъæн бæстæйы дæр фæндыртæ цагътой. Æз та ногæй дæн Парижы. Уый курæг уæ дæн, æмæ мæ-иу æрхуы уадындзау зæлланг- гæнаг æрхуы чырыны бавæрут, хурау тæмæнтæкалæг чырыны, æмæ мын-иу мæ сæрмæ æрвцъæх тырыса ныссадзут». «Æз æрбахуыдтон монон хæзнатæн сæ аргъ бæлвырдгæнæг æмæ уыдон уæйгæнæг комиссионеры æмæ йын кънйаз Андрейы иунæг фыны сæрмæ æппæт нидерландаг литературæ раттынæй зæрдæ бавæрдтон. Мæ дисæн кæрон нал уыд, агент мæ зонгæ куы разынд, уæд — Владимиры æххæсткомы дуаргæс. Нæ къухтæ кæрæдзимæ раттам æмæ нæ хъуыддаг цæхсад- там. Уæвгæ та агент ницы нуазы, фæрсыгъд бензинæй æддæмæ». «Саусыгъд фæзы астæу бæстыхайы иувæрсты цыдтæн æфсæнвæндагыл. Æмæ уым мæ хæстон æмбæлтты федтон: уым хуыссыдысты Мишкæ Васильев, булкъон Свистуновы сæрыкъуы- дыр тушæй фыстытимæ, стæй каптенармус1 Офицеровы дык- каг, йæ къаддæр къах. Амæй фæстæмæ æмбæлццон нал стæм, ме ’мбæлттæ. Кæуыл фæуæлахиз сты, уыдоны æмбыды тæф улæфæнтæ æхгæны, дымгæ фæндагæй рыг сисы, уæлахиздзау рæуæг рыг». 1 Каптепармус — хæцæнгæрзтæ æмæ ’фсæддон ис-бисыл дзуапдæттæг.
УАДДЗАЛХ АДÆМ *5&*^65) «Изæргæрæтты æрбацæуын, швейцар дистыл схæцы, кæм, дам, фесæфыс? Æз дæр ын, цыма мæ ацы зæххыл æппындæр ницы æндавы, уыйау зæгъын: — Ныууадз дæ хорзæхæй, зæронд. Кæй зæгъын æй хъæуы, ды инæлар Скобелевимæ зонгæ нæ дæ?» «Куы амæлон, уæд-иу мæ уарзон сылгоймаг дыууæ фæса- рæйнаг лæджы барæвдауæд. Симметрийы тыххæй хъæуы æнæмæнгæй афтæ бакæнын. Мæ зынаргъ Полинæ, дæхи хъахъхъæн, фæйнæхуызон цæсты кæмæн ис, ахæм адæмæй — стæй дард хæстæджы ардауæн ныхæстæй, стæй æнæзонгæ лæджы фыдæхæй, стæй æрвцъæх тырысатæн хъуымац уæйгæнæгæй». САКЪАДАХЫЛ В те дни, когда в садах лицея Я безмятежно расцветал... Ахуыр кодтон цыппар гимназы, реалон училищæйы, кадетты корпусы æмæ, æппынфæстаг, Парижы университеты, — фæлæ дзы иу ран дæр, мæнæ мин фарастсæдæ дыууын дыккæгæм азы Константинополы цы ’нахуыр æмæ хæдхуыз скъоламæ бацыдтæн, уæд та иу чысыл уый æнгæсæнтæ чи уыдаид, ахæм ахуырдоныл никуы сæмбæлдтæн; диссаг æмæ æнæраздахгæ рæстæг — æмхуы- зон гæнæнтæ дын *цыма уыд алæцæмæн дæр: Америкæмæ ацæуынæн дæр æмæ, Шехерезадæйы аргъæутты куыд у, афтæ туркаг кæсагахсæгæй агæпп ласынæн дæр, науæд та бритайнаг æфсады салдатæй, науæд та Голландийы сыл-паддзахы дæлдæрæй. Нæ хъысмæты алцыдæр халыл хæцыд, куыд уыдзæн- цы уыдзæн, сомбон нæм цы ’нхъæлмæ кæсы, уый дын бæрæг бæлвырдæй ничи загътаид; чи нæ цы хуызы амал кодта царды фæрæзтæ, чи цы хуызы — афтæмæй та-иу, исты бафта лæджы къухы, уый æнхъæл никуы уыдаис. Зæгъæм, мæ иу зонгæ, му- зыкæйæн дæр ницы ’мбæрста, уæдæ мелоди ’рцахсынмæ дæр нæ арæхст, афтæмæй дзæбæх мызд иста, рояльтæ цалцæггæнгæйæ. Уый мæм афтæ диссаг фæкаст, æмæ йæ иуахæмы бакъуымы кодтон, уыцы хъуыддаг йæ къухы цы хуызы ’фты, уый мын цæмæй зæгъа. 5 Мах дуг № 12, 2003
(Гб?М "^-*-х. Гæздæнты Гайто — Бынтон хуымæтæджы, — загъта уый, — айдагъ психологи йеддæмæ дзы ницы хъæуы. — Æз та нырмæ афтæ хъуыды кодтон, зæгъгæ... — Бынтон дзæгъæлы. Пианино цы хæдзары ис, уыдонмæ бацæ- уын æмæ сæ бафæрсын, мыййаг уын, зæгъын, базилинаг нæу. Хæдзары æфсин, цы дзуапп мын радта, уымæ нал фæарæхсы, йæхимидæг стыхсы. Уæд æз дæр роялы цур æрбадын æмæ вальс æрцæгъдын — стыр тухитимæ йæ сахуыр кодтон, ноджы афтæ ма банхъæл, æмæ йæ нотæтæм гæсгæ фæцæгъдын — нæ, мур дæр сын ницы ’мбарын, цыдæр хъисфæндыры дæгъæл æмæ дзы бæзджын хъæлæсыуаджы дæгъæл кæй ис, уый хъусгæ фæкод- тон, фæлæ кæрæдзийæ цы хъауджыдæр кæнынц, уымæн та — хæйрæг йæ зонæг. О, хъазын вальс æмæ фæзæгъын, зæгъгæ, мæнмæ гæсгæ, пианино базилинаг у. Хæдзары æфсин сразы вæййы мемæ. Уæд æз бинонтæй æппæтмæ дæр æрхатын æмæ сæ раку- рын, цæмæй иууылдæр уатæй куыд ацæуой æмæ дуар сæ фæдыл куыд сæхгæной, науæд, зæгъын, мæнæн мæ бон кусын нæу. Æмхуызонæй ацæуынц. Æз сбадын, чиныг сисын æмæ сахатыр- дæджы бæрц фæкæсын; хатгай пианинойы амонæн æрæлхъивын фæтчыгъæдæн. Стæй дуар байтындзын æмæ фæзæгъын: — Пи- анино рæвдз у, æхсин. — Уый дæр ыл цыдæртæ ацæгъды æмæ йæм афтæ фæкæсы, цыма пианинойы хъæлæс бынтондæр аивта, цыма йæ æз, зæгъæн куыд нæй, афтæ хорз сцалцæг кодтон. Гъестæй æз мæ мызд райсын æмæ ацæуын. Ууыл хъуыддаг ахицæн вæййы. Иумæ ахуыр кодтам, стæй уый Францы куыста малярæй æмæ йæхи цæттæ кодта Есо1е с1е 1ап§иез опепЫез^-мæ бацæуынмæ, къæр-къæргæнгæ дзырдта туркаг, грекъаг, сомихаг æмæ пер- сайнагау. Амард рæуджыты низæй Ниццæйы, цалдæр азы размæ. Костантинополы гимназ, мæн кæдæм райстой, уый дыууæ мæйы фæстæ аивта Болгарийы горæттæй иумæ — афтæ ныф- фыссинаг уыдтæн: иу чысыл провинциалон горæтмæ, зæгъгæ, фæлæ Болгарийы иууыл горæттæ дæр чысылтæ æмæ провинци- алонтæ сты. Уый уыд асткъласон гимназ, ома æххæст пансион дзы скодтой ахуырдзаутæн — хæлцæй-дарæсæй дзы алцыдæр цæттæйæ, æцæг нын-иу æдзух исты нæ фаг кодта, «æхцайы фæрæзтæ»-иу афойнадыл фыст кæй не ’рцыдысты, уый фыдæй; куыд уыд, цы уыд, фæлæ-иу сæрдыгон мах фæстауæрцы охыл Хурыскæсæйнаг æвзæгты институт.
УАДДЗАЛХ АДÆМ .. ... <^7т% бæгъæввадæй цыдыстæм. Гимназ ахста стыр бæстыхай, уымæн та йæ алыварс уыд кæрт, стæй дыргъдон. Уæттæ рухс кодтой фæтæгены цырæгътæй, тæвдгæнæнтæ та дзы æппындæр нæ уыдис, цалынмæ нæхæдæг æлыгæй пецтæ нæ самадтам, уæдмæ. Куыд ма йæ хъуыды кæнын, афтæмæй нæм алы кълæсты ахуыр- дзаутæ уыдаид дыууæ сæдæйæ чысыл фылдæр, стæй службæ- гæнджытæ æмæ ахуыргæнджыты персонал дæр дæс æмæ дыу- уиссæдзмæ ’ввахс. Ахуырдзаутæ дæр æмæ персонал дæр сæ бынтон хуымæтæджы адæмæй нæ уыдысты. Гимназисттæн сæ фылдæр хай — зноны салдæттæ, афицертæ æмæ матростæ. Æвдæм къласы æппæты кæстæрыл сæххæст æвддæс азы, æппæты хистæр ахуырдзауыл та — æртын æхсæз; уыдæттæ хъуыддаджы гæххæттыты куыд æвдыст цыдысты, уый нæ зонын. Махæй раздæр чи артгæнæг уыд, чи сармадзанæйæхсæг, чи сæудæджергæнæг, æфсæддон æмæ ма суанг пæлæзджын флоты матростæ дæр, уыдис нæм горæт Керчы комендант, фæндзæм къласы ахуыр- дзау сси, — ахуырæй рæстæмбис ахуыр кодта, фæлæ уый хыгъд иттæг зæрдæргъæвд разынд хихъæппæрисады драмон къорды архайынмæ, ноджы иудадзыгдæр хъазыд Островскийы пьесæты патетикон рольты, зæрдæхъыдзыгæнæн хъæлæсыуагæй кæм хъуыдис дзурын, ахæмты, — не ’хсæн ма уыдис спекулянттæ, хъæдгуысты дæснытæ, æнæуи кусджытæ, алы цинты афицертæ, фæлæ дзы, раст зæгъгæйæ, капитанæй уæлдæр нæ уыд, стæй иу ротмистр, бынтон æнæмæт æмæ хæларзæрдæ адæймаг, Уæрæ- сейы мин фарастсæдæ дæсæм азы фæцис кадетты корпус. Гъемæ уыцы адæм иууылдæр тынг æнувыдæй, иттæг зæрдиагæй ахуыр кодтой. Нæ культурон размæцыдæй дæр тынг хицæн кодтам кæрæдзийæ; фæлæ нæм, йæ кармæ гæсгæ йæ зонындзинæдтæ дæр кæмæн æййæфтаиккой, уæд та сæ, Пушкины загъдау: Мы все учились понемногу Чему-нибудь и как-нибудь, — йæ рæстæджы чи ахуыр кодтаид æмæ чысыл цыдæртæ чи ’мбæрстаид, ахæм ахуырдзаутæ немæ хæрз чысыл уыд. Мæ зæрдыл ма хорз лæууы, нæ математикæйы ахуыргæнæг дын — йæхæдæг зонындзинæдтæм зæрдæргъæвд æмæ йæ предмет дæр бирæ уарзта, — о, æмæ дын уый фæлварæнтæ сарæзта, гим- назмæ чи цыд ногæй, ахæм лæппуйæн, цæмæй, цы къласмæ йæ ис райсæн, уый сбæлвырд кæна. Лæппу фæйнæджы цур лæууы — йе ’рфгуыты бынты уыцы æнæууæнк цæстытæй кæсы; цыдаид ыл иу æстдæс азы, йæ уæлæ галифе хæлаф æмæ æнгом æлвæст
{/^|Ч^ ----«^ Гæздæнты Гайто цырыхъхъытæ. Математикæйы ахуыргæнæг æй райдыдта фæрсын: — Дæ зæрдыл ма квадратон уравнени лæууы? Фæлваринаг тыхамæлттæй схуыфæгау кодта æмæ ницы загъта. — Нал лæууынц дæ зæрдыл? Цæй, уый уа-диссаг нæу. Уый ницы кæны, мах ныртæккæ демæ иумæ квадратон уравненийæн йæ фыццаг формулæ раиртасдзыстæм. Кæд дæ нæ ферох, уæд уыдон сты дыууæ формулæйы, фæлæ уал дзы мах фагыл баны- майдзыстæм, хуымæтæг квадратон уравненийы фыццаг фор- мулæ. Цæй-ма, фысс: х24- рх + ц = 0. Æнгом æлвæст цырыхъхъытæ сæ мидбынаты уæззаугай сцоп- пай сты. Фæлваринаг ницы фыста. — Цæй-ма, фысгæ кæн: х2... Фæлваринаг ницы фыста. Хъуыддаг цæй мидæг ис, уый уай- сахат рабæрæг: лæппу латинаг алфавит нæ зыдта. Уый суанг мах æхсæн дæр царциаты диссаг уыд. Фæлæ ма йæ æз хъуыды кæнын, мæ иу ’мкъласон куыд марой кодта, куыд тухи кодта, францаг урок цæттæгæнгæйæ, уый: Виктор Гюгойы роман «Хъо- дыгондтæй» йæ хъуыдис æртæ фарсы ратæлмац кæнын, æмæ йын дзы æнæхъæн цыппарсæдæ дзырды уыдысты æнæзонгæ, æппындæр сæ не ’мбæрста. Фæндзæм къласы та иу ахуырдзау Кавказы тыххæй раст анекдоты хуызæн сочинени ныффыста — уый фæстæ бирæ рæстæджы дæргъы къухæй къухмæ цыд — Кавказ дзы схуыдта «жемчужина России с очень многими иска- таемыми»; æмæ æппæтæй диссагдæр та уый у, æмæ уыцы æна- хуыр дзырдæй куы пайда кодта, уæд афтæ ’нхъæлдта йе ’нæхин зæрдæйæ, зæгъгæ, иугæр Кавказы минералон хъæздыгдзинæдтæ агуринаг кæм сты, ссаргæйæ кæм сты, уым æцæджы хъуыддагæй «искатаемые» цæуыннæ хъуамæ уой — ома искатьгæнинаг... Ахуыргæнджыты персонал дæр махæй æнæдиссагдæр нæ уыд. Бирæтæ дзы сæ дæсныйадмæ гæсгæ ахуыргæнæджы куыстмæ тынг дард лæууыдысты. Уый ахуыры хъуыддагыл хорзырдæм дæр зынд æмæ йыл æвзæрырдæм дæр ахадыдта. Нæ зæрдæмæ се ’ппæтæй тынгдæр цыд гимназы директор Григорий Григорьевич Мейер, Уæрæсейы цыма артиллерион академийы ахуыргæнæгæй куыста. Ницы йæм раиртæстаис æфсæддон, кæнæ та админист- раторы миниуджытæй; фæлæ гимназæн афтæ дæсны æмæ зонд- джын хуызы лæвæрдта разамынд — ноджы ма уый уæлдай зындæр уыд мах æвадат уавæрты æмæ мах хуызæн алы хъуын, алы фист ахуырдзаутимæ, — æмæ дзы нæдæр карз æфхæрæн
УАДДЗАЛХ АДÆМ ^^^Т’э) мадзæлттæ хъуыд, нæдæр исты аивын, алцыдæр дзы, нæ фадæттæм гæсгæ, афтæ хорз æмæ нывыл сгуыхт. Гимназисттæй алчидæр йæхи уыйбæрц сæрибарæй хатыдта, æмæ йæ цы бафæн- дыдаид, уый кодтаид; фæлæ Григорий Григорьевичы хъомыладон сусæг тых уый мидæг уыд, æмæ амæй-ай фыдуагдæр ахуыр- дзауты дæр никуы бафæндыд сæ сæрибарæй уæгъдибарау фæпай- да кæнын. Æцæг хъуыддаджы лæгтæн сæ фылдæрау Григорий Григорьевичы дæр сæ дзырдмондæгтæй не схуыдтаис; уый хыгъд æм адæм уæлдай лæмбынæгдæрæй хъуыстой, куы-иу дзырдта исты, уæд. Алы ’фхæрæнты бæсты та ахæм хъомыладон мадзал ссардта: изæрæй-иу фæсæхсæвæр æппæт ахуырдзаутæм дæр фæсидт æмæ-иу семæ ’мсæрæй алы æгъдаухалæн миты тыххæй ныхас кодта, цыбырæй-иу сын уыцы фыдуынд митæ сæ цæсты ’фтыдта, сæ сæрмæ сæ куыд нæ хæссой, афтæ. Уыцы ’мбырдты рæстæг-иу хатыр нал зыдта: хъæрæй нын-иу бакаст уарзæтты фыстæджытæ кæрæдзимæ (чызгæй-лæппуйæ иумæ уыд нæ ах- уыр), кæнæ та-иу, йæ уæхсчытыл ницымбарæгау схæц- схæцгæнгæйæ, дзырдтаид, зæгъæм, Орелы тыххæй, æвдæм къласы ахуырдзауы, раздæры профессионалон хъæбысæйхæцæджы, тынг хæларзæрдæ æмæ сабыр адæймагыл, йæ тыхы фæрцы ни- куы архайдта, никуы дзы пайда кодта, æцæг ын йæ дзыхыуаг æдзух аив не схуыдтаис, стæй цæмæйдæрты куыддæр æнæхсæстау дæр каст лæгмæ, — гъемæ-иу уый тыххæй дзырдтаид: — Уæз- дан адæм, гъа-ма, уæ цæстытыл ауайæд: мæнæ гимназ фестут æмæ фæсарæнтæм цæут, æмæ Орел дæр цæуы; гъемæ мæнæ — Орел дæр Парижы. Гъа-ма, уæ цæстытыл ауайæд: Орел — Па- рижы! — Гимназ-иу æмхуызонæй худын райдыдта; æз куыд хъуыды кæнын, афтæмæй-иу цыма Орел бынтон йæ чемы нæ уыд уыцы сахат. Иннæ хатт та нын директор иу гимназисты фыстæг каст Людмилæ Д., æхсæзæм къласы ахуырдзаумæ: «Дорогая Милоч- ка, вы можете мне не верить, но я нахожусь на краю напряже- ния...» — Фыстыхъæды тыххæй нал дзурын, — йæ къухтæ-иу фæйнæрдæм аппæрста Григорий Григорьевич, — фæлæ искуы- дæр ма афтæ фыссæн ис? На краю напряжения — уый тынг æдзæлгъæд, тынг æнарæхст загъд у. Физикæ нын амыдта, æмæ не ’хсæн, иннæты чи не ’ййæфта, иу ахæм фæстæзад ахуырдзау дæр нæ уыд. Æз бæлвырд æмæ бæрæг зонындзинæдтæ домæг предметтæ кæддæриддæр лæмæгъ
То^.-. -"•*■ -«->. Гæздæнты Гайто зыдтон æмæ мын ницы ахæм уарзон уыдысты; фæлæ физикæ та зæрдæргъæвдæй ахуыр кодтон: рацу фæйнæджы цурмæ æмæ ма зон, электроскоп куыд арæзт у, кæнæ та судзæн авджы хуры тынтæ куыд ахизынц иннæрдæм, уыдæттæ ма зон æмæ афтæмæй Григорий Григорьевичы алцымбарæг æмæ тæригъæдгæнæг цæстытæм кæс, дзуапп раттын та дæ бон ма уæд — уый мын стыр къæмдзæстыджы хос уыдаид, дæлдзинæг мæ кодтаид. Ахæм æнкъарæнтæ гуырд æппæтмæ дæр, æмæ уыйадыл сæхи физикæ- йы уроктæм уæлдай æнувыддæрæй цæттæ кодтой. Иннæты хуызæн нæ уыд Валентин Валентинович Рашевич дæр: уый аккаг у, цæмæй йыл айдагъ цалдæр нымад рæнхъы нæ, фæлæ суанг æнæхъæн чиныг дæр фыст уа. Рашевич хаудта, уартæ тæмæнтæкалгæ нудæсæм æнусы чи цард, уыцы энциклопедион, æмæ уымæй дæр гуманон зонындзинæдты хицау ахуыргæнджы- ты рæгъмæ, мах æлгъыстаг æмæ тæссармæ зонд æнусы та, зæгъæн ис, æмæ сæ мыггаг сыскъуыд. Æнхъæлдæн, æмæ ахæмæй ницы уыд, Рашевич цы нæ зыдта: æмхуызон сæрибарæй, æнæкъуы- лымпыйæ дзырдтаид сæрмагонд техникæйы тыххæй дæр, æмæ египетаг культурæйы тыххæй дæр, æмæ медицинæйы, матема- тикæйы, философи æмæ англисаг литературæйы тыххæй дæр. Никуы мæ ферох уыдзæн йæ фæстаг раныхас — гимназ кæй фестæм, уый фæдыл кады бон. Фæдзырдта нын Паскаль æмæ Пастеры тыххæй, стæй, махмæ сидгæйæ, йæ ныхас афтæ бал- хынцъ кодта: — Ацы зæххыл цæмæй цæрай, уый сæраппонд тохæн ис æртæ хуызы: искæй ныббырсыныл тох, искæй быныскъуыд скæныныл тох æмæ бафидауыныл тох. Уæ зæрдыл æй бадарут: æппæтæй хуыздæр, фæрнæйдзагдæр æмæ ’ппæтæй ахъазгæнæгдæр тох у фидауыныл тох. Æнæуи та нын уырыссаг литературæ лæвæрдта, хъæрæй нын- иу касти классикты уацмыстæ æмæ нын, куыд сæ ’мбарын хъæуы, уый амыдта, фæлæ, йæ фæдзæхстытæ кæд цыфæнды ахъаззаг уыдысты, — æз уый фæстæ нæдæр хъусгæ фæкодтон, нæдæр кæсгæ бакодтон, Валентин Валентинович-иу зæрдæаивæй, уадидæгæн-иу уацмысы хъуыдыйы цыфæнды дард æмбæхст фæзилæнтæ дæр ацахсгæйæ, куыд рæстдзæвин æмæ æнаиппæй амыдта алцыдæр, уыимæ абарæн кæмæн уаид, æндæр ахæм дæсныамонæджы тыххæй: æнæуи критикон уацтæ-иу уый фæдзæхстытимæ абаргæйæ, мæ цæсты уыдысты æнæбоны дыбы- дыбытау, æмæ-иу лæгмæ худæг æмæ тæригъæддаг хъуыддаг каст
УАДДЗАЛХ АДÆМ ^ ^^«^71> ■ Х^У^^ц^ай^д. у дзырдаивады ахуыргæнæн чингуытæ рафæлдахын — раст зæгъгæйæ, дзырдаивады тыххæй уырыссаг ахуыргæнæн чингуы- тæй зæххыл æдылыдæр чингуытæ нæй, — о, æмæ йæ фæдзæхстытæ кæд цыфæнды ахъаззаг уыдысты, уæддæр ын сæм иу ахæм аипп æрхæссæн ис, æмæ йын сæ ахуырдзауты фылдæр хай кæй не ’мбæрстой; æмæ мæ зæрдыл лæууынц сæ мæрдон- хуырым цæсгæмттæ, мæнæ-иу Валентин Валентинович, йæ хъæлæс ризгæйæ, Паскалы дзырдбаст — æвирхъау трагизмæй йе ’мыдзаг, лæджы уды хъарутæй тыхджындæр трагизмæй дзаг ныхæстæ ногæй-ногмæ куы фæзмыдта, уæд: — «Сез1; ЬзПепсе е{;егпе1 с1ез езрасез тйшез ^ш т’ еЙРгау».1 Æз дын æй иуахæмы, дины тыххæй цы хъуыды кæны, уымæй куы бафæрсин. — Хъуамæ дæ Хуыцау уырна, — загъта мын, — чи зоны, æмæ уый у, адæм хорзæй цы ’рхъуыды кодтой, уыдонæн сæ тæккæ алæмæтагдæр, табуйагдæр. Уымæй цалдæр боны фæстæдæр гимназы цавæрдæр æмбойны хæцæг низæй амард иу æрыгон ахуыргæнæг, цыппар æмæ ссæдзаздзыд сылгоймаг. Æз æхсæвыгон балкъонмæ рацыдтæн; бæстæ ныннуд, æнæнкъуысгæ арв уыцы уæззауæй нæ сæрмæ æрфæлдæхт; мидæмæ æрбахизæн тыргъы мæ цæст æрхæцыд иу урсбоцъо зæронд лæгыл, мард чызджы фыдыл; стъолы уæлхъус бадт, куыдта æмæ Евангели каст. Балкъоны Валентин Валенти- новичы фæтæн фæсонтæ бафиппайдтон. Мæ къахæлгътыл æм бацыдтæн. Йе ’ргом мæм раздæхта — йæ цæсгомыл мæйы æрхуы- хуыз тæмæн хъазыд, — æмæ загъта: — Цæй, ныр ды далæ уыцы зæронд лæгæн цы дзуапп раттис, цæмæй йын фæкъаддæр кæнис йæ рыст, цæмæй йын бавæрис ныфс? Уымæ дун-дунеты хæзнатæ дæр нымады нал сты, — уæдæ уымæн зæрдæ цæмæй бавæрай, ахæм дзырдтæ дæр нæй адæй- маджы рæбыны. Æмæ уыныс, — уый Евангели кæсы. Цæмæй йын баивис уыцы иунæг чиныг? Иууылдæр æмхуызонæй — уыимæ нæ ахуыргæнджытæ дæр — уæззау æвæрæз уавæрты цардыстæм; хъуыды ма йæ кæнын, мах дын базыдтам, Валентин Валентиновичмæ, дам, тамако цæмæй балхæдтаид, уый фаг дæр æхца нæй, зæгъгæ, æмæ уæд нæ кълас æмвосæй иу цасдæр æрæмбырд кодтам æхца æмæ, Валентин Валентинович гимназы куы нæ уыд, уæд ын йæ уаты йе стъолыл иу стыр къопп æд мин бапъирозимæ сæвæрдтам. «Мæн стыр тасы ’фтауы æгæрон тыгъдады æнусон æдзæм уаг».
^7?^ -—-^ Гæздæнты Гайто Чидæриддæр-иу æм æххуысагур йæхи бакъул кодта, уыдонæй иуы дæр æнæ дзуаппæй не здæхта: искæй куырмæлхынцъытæ хынцинаг бахынцын бахъуыд — уымæ цыдис; искæй зын тæлмацгæнæн æрмæг раивын бахъуыд — уымæ та-иу æрхатыд. Иуахæмы дын æм не ’мкъласон чызг дæр — йæхи фæлварæнтæм цæттæ кодта æмæ , тæвдад циу, уымæн мур дæр ницы ’мбæрста æмæ йæхи йæ цæссыгæй æхсадта, ноджы ма йын, уыцы тæвдад циу, уый бацамонын æппын никæмæн æнтыст, — æмæ уæд не ’мкъласон чызг дæр Валентин Валентиновичмæ бацыд — мах амындæй; скарстам, зæгъгæ, æмæ ма йын æй уый дæр куы нæ бамбарын кæна, уæд уавæр афтæ у, æмæ уыцы хъуыддаг — иу лæджы фырты бон дæр нæу, фæлæ, чызгимæ сахатырдæг адзур- гæйæ, Валентин Валентиновичæн бантыст не ’мбалæн, тæвдад циу, уый бацамонын. Куыд сарæхст йемæ — уымæн та иунæг Хуыцау йæ зонæг. Чызг фæлварæнæн бафæрæзта. — Уый дæ курдиат райхъал цыфæндыйæ дæр, — загъта ахуыргæнæг. — Валентин Валентинович мын æй бацамыдта, — дзуапп радта чызг. Æгæр дæргъвæтин ныхас нæ бахъæуид не ’ппæт ахуыргæн- джыты тыххæй дзургæйæ. Æз ма цалдæр цæвиттоны æрхæсдзынæн æрмæст. Уыдис нын ахæм хъомылгæнæг, инæлар Орлов, ныр æгас нал у, гъемæ уымæн йæ сæр æппындæр нæ ахста, махимæ йæ ахастдзинæдтæ цы хуызы араза, цы хуызы дзура немæ, уый — куыд салдæттимæ, æви куыд кадеттимæ; уымæй размæ та æнæуи адæмы, ома, ’фсæддон чи нæу, ахæм адæмы, уый, æвæццæгæн, уынгæ дæр никуы фæкодта. Гъемæ дын уæд, цæмæй йæм де ’ргом аздахай, уымæн æнахуыр сидæн дзырдтæ ’рхъуыды кодта: «господин молодой человек». Алы хуыцаубон дæр-иу райсомæй нæ дротуармæ2 ’рбацыдаид æнæмæнгæй — æмæ та-иу мæн хуысгæйæ æрбаййæфта: — Господин молодой человек, — хъæлæсыдзагæй-иу загъта, — саккаг кæн сыстын æмæ аргъуанмæ афойнадыл ацæуын. — Æмæ æз, Василий Степанович, Хуыцауыл æууæндæг куы нæ дæн. — Уый та уæлдай нæу, ды уæддæр, Хуыцауæн табу, рæстмæкувæг дæ, басурман исты нæ дæ. Æдылыдзинæдтæ. Уырнæг дæ, нæ дæ уырнæг — уæлдай нæу, цыфæндыйæ дæр аргъуанмæ цæуын æмбæлы. Иухатт дын Хуыцауæн батабу кæнынмæ иу гимназисты куы Дротуар — ахуырдзаутæ къордæй кæм фæфынæй кæнынц, уыцы уат.
УАДДЗАЛХ АДÆМ ^С^^/Й арвитид," дзуттаджы, уымæн, æмæ, дам, уæлдай нæу — «Æппæтæн дæр сæ Хуыцау иу у». Истори нын лæвæрдта уыцы Орлов; æмæ-иу, алы конгресстæ æмæ базарадон бадзырдтæ иуварс фæуадзгæйæ, фылдæр æмæ бæлвырддæрæй дзырдта хæстыты тыххæй, — нæ иннæ историкты хъауджыдæр, зæгъæм, Тирцейы — уый тынг базæронд, йе сæфт уыдта хæстыты койæ, йæ зæрдæйæн хæстæгдæр уыдысты алы конгресстæ. Уыцы Тир- це цыдæр æгъдауæй куы базыдта, æз Берлинæй цалдæр чины- джы кæй рафыстон, семæ ма Эренбурджы кæцыдæр роман дæр, уæд мын афтæ зæгъы: — Æмæ ныр ды цæмæн кæсыс ахæм чингуытæ? Цыфæндыйæ дæр уыдон иу компани куы сты: цы Грузенберг, цы Эренбург æмæ афтæ дарддæр — цыфæндыйæ дæр уыдон масонтæ куы сты. Афтæ дзураг-иу уыд: — Æз уын æй æргомæй зæгъдзынæн... Уыцы дзырдбаст-иу æнæрхъуыдыйæ, механикон хуызы срæцыгъта: — Æз уын æй æргомæй зæгъдзынæн: Стыр Петр амард 1725 азы. Йæ историон лекцитæ нын каст йæхи курсмæ гæсгæ — уый йæхи арæзт æмæ йæхи къухæй фыст уыдис. Цы сочиненитæ йæм-иу радтой, уыдонæн-иу цыппартæ сæвæрдта — кæд-иу со- чиненитæ, уæзданæй зæгъгæйæ, Платоновы ахуыргæнæн чиныгæй слухтаис, уæд, — кæнæ та æртæ плюсимæ, кæд-иу æндæр чи- ныгæй давд уыдысты, уæд. Иу гимназист ыл хинæй рацæуыны фæнд скодта æмæ йæ фыссæн куыст иууылдæр Тирцейæн йæхи курсмæ гæсгæ сфыста — дзырдæй дзырдмæ, къæдзыгæй къæдзыгмæ. Тирце йын æртæ сæвæрдта минусимæ æмæ йын йæ сочиненийы бынмæ фидисгæнæгау бафыста: «Дæ фыстыхъæд лæмæгъгомау у», — уый та, уæвгæ, бынтон раст хатдзæг уыд. Тирце фыдзæронд баци; æнхъæлдæн, æмæ райгуырд мин астсæдæ цыппор фæндзæм азы æмæ, чидæр дзы куыд фæцарæхст зæгъын, ног истори æппæтæй дæр лæвæрдта айдагъ йæхи мысинæгтæм гæсгæ. Нæ йæ зонын, цавæр кæлæнты фæрцы, кæцы эмигрантон, хауæццаг зонды æнæрхъуыдыйы руаджы сси махæн хъо- мылгæнæг жандармты булкъон Травкин — сæррамæ бирæ кæй нал хъуыд, ахæм адæймаг, ноджы ма-иу цæмæдæриддæр баххæ- ссыдаид йæ къух — хорзмæ дзы мацæмæуал æнхъæлмæ кæс,
С^%са*&æ~> Гæздæнты Гайто уæвгæ дæр дзы сгуыхты охыл æппындæр мацæмæ ’нхъæлмæ кæс. Цæхæрадон ын йæ бæрны бакодтой; уый дзы фондз голладжы картоф ныссагъта, афон куы ралæууыд, уæд та дзы æртæ гол- ладжы систа тыллæг. Уæд ыл хъомвос баууæндыдысты; фæлæ хицауиуæг цы ’хсæз хуыйæн кодта, уыдонæй уайтагъд цыппар фæхæдмæл сты; кордыл1 сæ-иу ратæр-батæр систа, цæмæй, дам, «сæ конд æмæ уынд сæхимæ уа». Сæргой дзы куы фесты Трав- кинæй, цы ма йын бабыгъдуан кæной, уый куы нал зыдтой, уæд ын балæгъстæ кодтой, цæмæй цæттæгæнæн æмæ фыццæгæм кълæстæн Хуыцауы Закъон амонæгæй ныллæууа, фæлæ йын йæ урокмæ иу кæддæр инспектор бафтыд æмæ йæ хъустыл нал æууæндыд: Травкин жандармы араугæ хъæлæсæй фыртæссæй зæрдæтахт астаздзыд æлвыдсæр лæппуйы бакъуым кодта, цас километры, дам, ис Вифлеемæй Назаретмæ. Лæппу йæ нæ зыдта æмæ «дыууæ» райста. Уыцы цауы фæстæ Травкины «ссæрибар кодтой» Хуыцауы Закъон амонæджы хæстæй, — æмæ афтæмæй гимназы баззад, æппындæр ницы кусгæйæ, «æнæ сæрбос æмæ æнæ цобегæнæгæй», — æмæ-иу куы тыргъты сдыууæрдæм, куы- иу цæхæрадон æмæ дыргъдонмæ ныццыд, стæй-иу хуыдонмæ дæр бакаст, мæнæ ма хæрзæрæджы дæр æлдариуæг кæм кодта æмæ экспериментатор кæм уыдис, уырдæм. Цы ма йын бахæс кодтой æппын фæстагмæ — уый мидæггаг кæрты стыр бæсты- хайы дыууæ агъуысты ’хсæн къахвæндæгтæ дурастæрд скæнын; уый сыл дзæххор байтыдта, йæ сæрыл та йын цавæрдæр чъиу- джын æлыгæй бæзджын фæлтæр сæвæрдта, æмæ-иу уыцы фæндæгтыл уарыны фæстæ азмæлæнтæ нал уыд — цъыф-иу афтæ ныххæцыд къæхтыл. Ноджыдæр ма нæм уыдис библиотекæйы хицау, æмбисондæн хæссинаг йæ дыууæ миниуæгæй: алцæуыл дæр фу-фу кодта æмæ алцæмæн дæр фесæфынæй тарст, ноджы ма æфснайдуарзаг, рынчынау сыгъдæгуарзаг: чингуытæ-иу тынг зивæггæнгæйæ лæвæрдта, дзырдтаид дын-иу, куы нæ, дам, сæ исай, уæд, дам, сыл ницы ’рцæудзæн, куыд дзæбæх сты, афтæмæй баззайдзыс- ты; уый, ай-гъай, тынг рæстытæ дзырдта, фæлæ сын уæддæр æнæ исгæ дæр цы уыдис. Йæ лæгъстæтæй кæй ницы уайы, уый куы бамбæрста, уæд сфæнд кодта цæхгæрдæр мадзалæй спайда кæнын: бацæуæны дуарыл хъусынгæнинаг фæзынд: «Библио- текæ æхгæд у, уымæн æмæ мах чингуыты номхыгъд аразæм», — 1 Корд — ам: даргъ бæндæн, бæх уымæй бастæй фæратæр-батæр кæнынц зиллаккыл.
УАДДЗАЛХ АДÆМ ^ ^ ^75) æмæ уæд йæ уд æрсабыр. Цасдæр рæстæджы фæстæ йын аивæй бамбарын чындæуыд, чингуытæ цыфæндыйæ дæр адæмæн æнæ дæтгæ нæй, зæгъгæ. Уæд уый æндæр хъусынгæнинаг ныффыста: «Библиотекæ æрмæстдæр рæстæгмæ кусы», — æмæ та ногæй райдыдта чингуытæ дæттын, раст-иу æй скæуынмæ бирæ нал хъуыд, афтæмæй. Уыдис нæм-иу сауджын, тынг украинагыздæхт акцентимæ дзурæг; схъæлфындз æмæ къленцарæзт; йæ сæрыхъуын а 1а ^агсоппе1 цыбыр æлвыдта, дардта нарæг, къуындæг хæлæфтæ æмæ лакæй ахуырст туфлитæ, стæй йæм уыд лыстæг лæдзæг, йæ сауджыны пæлæз та-иу, цыма йын æнæуи хуымæтæг уæлæ- фтау у, уыйау-иу æй йæ цонгыл дыдагъгондæй æрцауыгъта. Уый уыд æмбисонды дзырдарæхстджын, мæлгъæвзаг, сахатгай дæр æм хъусынæй нæ бафæлладаис, йæ ныхас раст ало-лайы зарæг, фынæй дæ-иу цыма кодта, уыйау, стæй-иу цыдæр æнæхъола хабæрттæ кæнын райдыдта, мæнæ, зæгъæм, нырыккон хирур- гийы æнтыстыты фæдыл: «иу ацæргæ лæгæн операци кодтой æмæ, кæд цыфæнды зын у, уæддæр уæ бауырнæд, æмæ йын ай- дагъ йæ фындзæй кæд æмæ систой æртæ æмæ æртиссæдз стæджы»; æвæццæгæн, уый куыд хъуыды кодта, афтæмæй рын- чынтæ кæрæдзийæ уымæй хицæн кодтой, чи сæ куыд стæгджындæр у, — мæнæ кæсæгтау раст; цæргæ дæр йæ сæнтты мидæг кодта, йæ алыварс дуне та дзаг уыд хирургийы диссаджы сгуыхтытæй, стæй ма дзы уыд æндæр зынбауырнæн хабæрттæ дæр. Иуахæмы дын мæ хъус æрдардтон, уæгъдæфсæрæй цытæ лæхуры, уымæ; йæ ныхас тынг лæгъзæй уагъта, хатгай-иу ын дзы цыдæр мидис дæр уыд рахатæн, фæлæ та-иу ын уайтагъд ног, æппындæр кæрæдзиимæ баст чи нæ уыд, ахæм æдзæлгъæд ныхæсты зæйы бын фæцис’ — Мæнæ дидинæг йæ алы сыфæй дæр хурмæ куыд тæхуды кæны, — райдыдта-иу йæ дзыбандытæ, — раст афтæ адæйма- джы уд дæр тырны Хицау Хуыцаумæ, æмæ ацы фæстаг рæстæджы дзæвгар ахуыргæндтæ. Уымæй дарддæр, фæлæ уый та æдзух зæрдылдаргæйæ, алы астæуккаг скъолайы ахуырдзауæн дæр бар ис, цæмæй йын боныг уа, уымæн... Фæстæдæр махæй æндæр ранмæ ацыд, æмæ йæ бæсты кусын райдыдта ног сауджын, бынтон суцца æмæ мæстыгæр, цыдæр æнамонд гуырд æмæ тынг æнæхсæст, æнæфенд адæймаг, фæлæ бирæ нæ ахаста — уайтагъд амард. 1 Йæ сæр æвзонг лæппуйау æлвыдта.
Гæздæнты Гайто Гимназы-иу æппæтæй хуыздæр сæрдыгон бонты уыд, цас дæ фæнды, уыйас-иу дæ фарсыл хуыссыдаис дыргъдоны, æмбисон- ды хæрзад болгайраг неситæ æмæ-иу харбызтæ дæ фаг хордтай, — дæ алыварс та болгайраг удæнцой сабыр дуне йæ алæмæты кæрдæг — цъæх фæлысты, æппæты дæр цыма зивæджы пъæззы æрцахста, уыйау бæстæ ныхъхъус æмæ ныххорз. Тæхудиаг ма- иу уæд уый уыдис, æмæ мах æнæныббаргæ, æнæныххатыргæни- наг æрыгон кæй уыдыстæм, зарыдыстæм «Гаудеамус», нæ размæ та айтынг æнæхæрд цард, æгæрон хурбæстæ — Берлин, Париж, Венæ, æмæ нæм дзы алцыдæр каст æнцонамал, къухы æнцонæфтæн æмæ æрттиваг. Мах æй нæма зыдтам уæд, цы æб- уалгъы зиантæ ныл æрцæудзæн, уый; æрмæстдæр стæмтæ бахиздзысты махæй университетты къæсæртæй, иннæтæм æнхъæлмæ каст фæсарæйнаг кусджыты тыхбегараджын, фидæнæй æнæзæрдæрухс цард. Бирæтæ нæ се ’мгъуыдæй раздæр сæ рухс дунейæ аивгъуыд- той, иутæ та нæ, — æмæ уыдонимæ Орел дæр, — раст æрра систы; ирд бæллицтæн сæ фылдæрæй фыдæнхъæл фестæм, нæ мæгуыры æмæ нын нæ фыдохы бонтæ дæр ницы ахæм ахъазгæнæг зонды хосæн басгуыхтысты, мæнæ мидхæст æмæ фæсарæнты нæ дæргъвæтин царды фыдæвзарæнты фæлтæрæнтау. Нæ алыварс бæлæстæ æмæ быдыртæ кæрæй-кæронмæ кæцæй зындысты, иу ахæм балкъон уыд гимназы. Сæрдыгон хурарæх бонты, лæджы-иу йæ цæст æнахуыр хуызы куы сайдта, уæд-иу фыццаг афтæ фенхъæлдтаис, цыма дæ акомкоммæ денджыз æрвцъæх хуыз тыбар-тыбур кæны; æмæ дæм-иу уæд гимназ кæнæ сакъадах фæкастаид, кæнæ та уыцы æрвцъæх тыгъдады цадæг- гай дард кæдæмдæр симæг нау. Фиппаинæгтæ: Доны ахæстон. Æппæты фыццаг мыхуыры рацыд Парижы, 1930 азы. Уайтагъд дæр ыл фæзынд къорд критикон уацы — йæ иу радзырд дæр уый бæрц ныхасаг не ссис. (М. Осоргин, В. Ходасевич, А. Савельев, Г. Адамович,.. ) Цы журналы мыхуыр- гонд уыд, уый хуынд «Числа». Чидæриддæр ыл фыста, уыдон иумæйаг хатдзæгмæ ’рцыдысты, зæгъгæ, ацы радзырд у Гайтойы хуыздæр уацмыс уыцы жанры. Эпиграф ист у Мопассаны уацау «Орля»-йæ. 33 ф. «Æмæ рæстæджы базыртыл атæхы ’взонджы дуг» — адон сты францаг поэт Альфонс Ламартины ныхæстæ.
УАДДЗАЛХ АДÆМ &&~Утт\ 35 ф. ... иæхи фæрæзтæй балхæдта Надсоны, Тургеневы æмæ Декобрайы романтæ... — Морис Декобра у францаг фыссæг, фылдæр фыста сентименталон уацмыстæ. 40 ф.... æмæ ныхас, ГоНе8-Вег§егейы фæстаг хатт... — Фоли- Бержер у зындгонд театр-варьете, ис Парижы Монмартры ра- йоны... 41.... цагъта йæ Эльман — Мойше Эльман (Михаил Саулович) у америкаг хъисфæндырæйцæгъдæг. 41 ф. ... уырыссаг прогимназы кæй ахуыр кодта, уый... — прогимназ уæд хуыдтой гимназы райдиан цыппар къласы, мæнæ советон дуджы райдиан скъола. Æртæ къуыхцыйы тыххæй уацау. Фыццаг хатт мыхуыры ра- цыд Прагæйы, 1927 азы, «Воля России», зæгъгæ, ахæм журна- лы. Куыд фыссæг, афтæ, дам, мæ хъысмæт уæдæй фæстæмæ райдыдта, зæгъгæ, нымадта йæхæдæг Гайто. 49 ф. ... Павел Бурейы конд дзыппыдаргæ сахаты... — Уæрæ- сейы уый уыдис æппæтæй зындгонддæр сахаттæгæнæг фирмæ, тынг раст цыдысты йæ сахæттæ. 51 ф. ... æрраби Штирнеры томы бын лæууыд ус-кънйаз Бе- бутовайы роман... — Макс Штирнер у немыцаг философ Кас- пар Шмидты фæсномыг. Ольгæ Бебутова, чызгæй Данилова — уырыссаг рæстæмбис- къух фыссæг, актрисæ, уыд иттæг рæсугъд æрыгонæй — 1906 азы рæсугъддзинадæй ерысты бацахста бæрзонд бынат. 60 ф. ... Миназонтæ райгас сты æмæ кæмдæр гыбар-гыбур- гæнгæ згъæлдысты Иерихоны егъау фидæрттæ... — Иерихоны кой ис рагон историктæм æмæ Библийы дæр. Ацы горæты ном незаманты дзуттаг æвзагыл амоны «хæрздæф» — диссаджы розæтæ дзы кæй зад, уымæ гæсгæ. Чырысти дзы цалдæр хатты уыд. Абон кæддæры горæты бынаты ис хъæу Эл-Риха. 60 ф. ...уымæ кæсы бæлæтты чиныг ныффыссын... — Бæлæтты чиныг у Уæрæсейы монон культурæйы рагондæр чингуытæй, йæ бындуры ис, Библийы сюжеттæ куыд æмбаринаг сты, уый тыххæй амынддзинæдтæ. Ноджы дзы ныхас цæуы æрмæст ивгъуыдыл нæ, фæлæ фидæныл дæр. 60 ф. «Худгæ чи кæны, уыцы лæг» — ацы роман ныффыста Виктор Гюго. 60 ф ... уынын Хæтæг Голландиаджы уæззау урс пæлæзтæ... — ахæм ном сбадт æндæрг-науыл, Хъаймæты Бонмæ йын удæнцой нæ уыдзæн, денджызы былгæрон никуы баулæфдзæн.
(у]^з> -—-«^. Гæздæнты Гайто ^^ггз^^ 60 ф. ... Агасферы урс зачъетæ... — «Æнусон дзуттаг» дæр ма йæ хонынц Агасферы, у Астæуккаг æнусты чырыстон кадджы- ты персонаж, Чырыстийæн кæй нæ баххуыс кодта йæ адзалы фæндагыл, уымæ гæсгæ йæхæдæг дæр æнцой никуы ссардзæн, суанг ын ингæн дæр нæ уыдзæн, цалынмæ Чырысти дыккаг хатт нæ райгас уа, уæдмæ. 61 ф.... мæ фыны уынын Галлиполи... — æрдæгсакъадах Турчы. 64 ф. ... кафæг лæппу Мадымайрæмæн куыд лæггад кодта... — алы цæстфæлдахджытæ, маймулитæ, кафджытæ чырыстон динæн тæригъæдджынтыл нымад сты, муртаккæгтыл. Хъаймæ- ты Бон Мадымайрæм сæ фарс рахæцыд, Чырыстийæ куырдта бахатыр, дам, сын кæн. Ис иу ахæм таурæгъ дæр: цавæрдæр цæстфæлдахæг моладзан сси, фæлæ нæдæр мæлгъæвзаг уыд, нæдæр фыссын зыдта, фæлæ йæ Мадымайрæмæн цыт скæнын бафæндыд æмæ йын уæд йæ сурæты размæ æркафыд. Иннæ моладзантæ йæ куы баййæфтой кафгæ, уæд æй бафхæринаг уыдысты, фæлæ уæдмæ Мадымайрæм йæ сурæтæй рахицæн, æрхызт зæхмæ æмæ кафæджы хид асæрфта. Йæ мидис та у ахæм: кæмæн куыд йæ бон у, афтæ лæггад кæны Хуыцауæн. 64 ф. ... æмæ йын кънйаз Андрейы иунæг фыны сæрмæ... — ныхас цæуы Лев Толстойы роман «Хæст æмæ фидыд»-ы хъай- тар Андрей Болконскийыл. 65 ф. ... инæлар Скобелевимæ зонгæ нæ дæ? — уырыссаг- туркаг хæсты (1877 — 1878 азты) номдзыд разамонæг, ирон хæстонтæй тынг разы уыд. Фæлæ, Астæуккаг Азийы бæстæтæ Уæрæсейæн дæлбаргæнгæйæ, йæхи æгъатырæй равдыста. Сакъадахыл. Мыхуыры фыццаг хатт фæзынд 1932 азы Пари- жы. Эпиграфæн ист сты Александр Пушкины рæнхъытæ роман «Евгений Онегин»-æй. 70 ф. ... Паскаль æмæ Пастеры тыххæй... — Блез Паскаль у францаг математик, физик æмæ философ; Луи Пастер дæр у францаг ахуыргонд, медицинæйæн стыр хæрзты бацыд. 76 ф. ... зарыдыстæм «Гаудеамус»... — Астæуккаг æнустæй фæстæмæ студентты зарæг, латинагау дзырд гаудеамус амоны: цин кæндзыстæм. Ацы радзырд ирон æвзагмæ у ног тæлмац. Фыццаг вариант кæс: «Мах дуг», 1988 аз, №7. Гусалты Барисы тæлмац
ХЪОДАЛАТЫ Герсан ФИДЫН БОНЗОНГÆ МÆХÆС ХÆС А дунемæ фæзындтæн — Айсафон ын йæ зынтæ. Хæлардзинад тауынмæ, Хæрамдзинад фауынмæ. Рæза, худа дидинæг — Рухс уалдзæджы фидиуæг. Фурдыл хидтæ тындзон-иу, Æрдзæн кæнон чындзон ми. Уарзты зæдæн кувынмæ, Нарты фæтæн рувынмæ. Иры кадыл зарынмæ, Цирхъ æвдисон залыммæ. Цардвæдисы ’хсидынмæ, Рухс фидæнмæ сидынмæ!.. 2001.15.01 ’к ’к * Зæххæй цармæ лæг дæн æз, Фидын бонзонгæ мæ хæс, Табу сфæлдисæг Хуыцауæн! Тасынмæ нæ фæдæн хъæз. Стæй сæртæг уæвынмæ кæрз, — Сбæззин кæд æз дæр хуындзауæн!..
Хъодалаты Герсан Схастаин ма ноджы рæз, Фæлæ мын нæ уыд фæрæз: Ме уæхсчытыл мын æруагъта Цард, æргъомбастау, йæ уæз, Кодтон зæххимæ æмвæз, Размæ къахдзæф мæ нæ уагъта. Искæй фосы бынтæ мæрз, Æмæ ма тайæд дæ тæгъз, Лæуу, мæстæг цæджындзау, фидар. Риссыс, фæлæ макуы схъæрз, Быхс, дæ уисдзæфтæ æмбæрз, Æмæ ноджы у афтидарм!.. Бонгай мыл æфтыди гæвз, Кодтой сагъæстæ бæз-бæз, Сау цæргæсæн хæлц — мæ игæр. Ацу, истæмæн ма сбæзз, Сис æфсæн дзæккор, пъæнæз, Тугсурау куы зынай иугæр... 198617.09 ’к * * Тыхсын та... У зын цæрæн растæй, Нæ ары цинæй лæг æфсис. Æрвылбон сагъæс æмæ мастæй Мæ уд æрдунарæг ыссис. Кæдæм, кæдæм хæссон мæ хъаст æз, Нывгæнæг ахæм у хъысмæт — Кæсыс фæйнæрдæм æмæ хатыс: Æппындæр никæй ис дæ мæт. Æндзары алчи дæр йæ гуылмæ, Æрмæст йæхи хъул бадæд сах, Æндæр... Цæргæбонты мæгуырмæ — Чъылдымыздæхт Хуыцау, Паддзах...
ФИДЫН БОНЗОНГÆ МÆ ХÆС Уæддæр ма — иунæг хорз: æххæссы, Поэзи, уды билцъ дæумæ. Мæ царды базырджын сæуæхсид, Зæринæй чи судзы сæумæ. Дæуæй ма срухс вæййы мæ зæрдæ, Цырагъджын аргъуанау — мæ риу. Цыдæр æнæфæтчиаг зæлтæ Мæ туджы базмæлынц... Æниу Æрхуымæй фынджы фарсмæ ’рбадын, Тымбылкъух — уадулмæ быцæу. Æхцонæн иу сигарет бадым, Зын куыстыл чи сифтындза дæу. Ыстæй уæд... Дарддæр балцы ахæт, Дæ хид, дæ туг калгæ ’мæ уæд Дæ разы урс-урсид лæгъз гæххæтт Хызы быдыры ’нгæс ысуæд!.. ... Æмæ куыдфæнды уæд фæстиуæг, Уæддæр ныллæмарын мæ сынкъ. Æрхæндæг алæдæрсы риуæй, Ыссудзы норст фæнычы зынг. Æмæ та сулæфын, поэзи, Уæддæр дæ мад амæла, кæд Нæй ахæм, чи ракæна де ’мзиу, Зындонæй чи скæна дзæнæт. 1992.22.01 АМОНД Амонд атахт æмæ фаджысы рагъыл абадт. Ирон æмбисонд Амондмæ цы сидон? — Амонд у къуырма. Уый мæ лæгъстæ никуы Фехъуыста нырма. 6 Мах дуг № 12, 2003
С^^^2^, Хъолалаты Герсан Амондмæ цы сидон? — Куырмниз ыл фæхæст. Иу санчъехмæ дæр мыл Не схæцы йæ цæст. Амондмæ цы сидон? — У йæ уæраг саст. Никуыма фæзынди Мах кæртмæ æваст. Амондæн æрмттæ дæр Бафиппайдтай кæд? — Искуы нын нæ дуар Бахостаид уæд... Амондæн куы уаид Йе скæнæг Хуыцау, — Фаджысы рагъыл-иу Н’ абадид бындзау... 1997.23.11 ЦХИНВАЛЫ БАЗАР Хæйрæджы цæстæй маргъы ’хсыры онг Цы хæринагыл не схæцы уым цæст! — Æппындæр мын куынæ вæййы ыстонг, Уæддæр мыл цадæг монцæфсис фæхæст. Цыхт тæрхæгыл — куыройы фыды йас, Йæ фæрстæй хъары бур таппузтæй царв. Цæхæртæ калы бурзыкъуыри нас, Фæкалдта йыл зæрин æртæхтæ арв. Кæцæй-кæдæм æрæфтыд ардæм кæф! Дæргъæццон лыгтæй хонцайыл тæфсы. Ныццæвы фындзыхуынчъытæ йæ тæф, Сæ цурæй къахæн аккуырсын фæзын.
ФИДЫН БОНЗОНГÆ МÆ ХÆС Лимон зæгъай, хурма, йе апельсин, Сæнæфсиры мыдхуыз цупæлтты баст. Айдагъ сæ уынд дæр удæн у æфсин, Лæбурынц сæм мыдыбындзытæ ’васт. Æппæтдæр хæрх, фæлæ, уæууа, дæ дзыпп Куы нæ дара купюр-æхцатæй къуыпп, Уæд сæм дæ комыкъулты дон тæдзы, Цыбæл зæрдæ кæны къуырма гуыпп-гуыпп... Тæбæккæй та мæ хызын ног хæссын Мæ сабитæм, æдзæммырæй фæрсын: Кæдмæ уыдзæни кадавар мæ мызд, Мæ къæбиц мын кæд бауарздзæни мыст? * * * Абон хур нæ базыдта рæвдауын, Арвы риуыл афтæ тынг сыгъдис — Афыхтаид ызмисыл рæвдыуан, Аууонмæ хъуырна гæды лыгъдис. Мæн уæддæр дæ тæмæнкалгæ армæй Барæвдыдтай, Нарты Гыцци-Хур, — Æз æнхъæлын: де ’видигæ хъармæй Бафсæсти фыццаг хатт абон дур. 2002.10.07 •к * * Абон уалдзæг карз зымæгыл рахæтдзæн, — Бонахаст зæрдæвæндиаг рауæццæ. Хур æргъæвсæг мигъты ’хсæнты нал хæтдзæн, Донхæрисыл бур къуыпатæ рахæцдзæн, Малусæгыл цины худæг бахæцдзæн, Нал уыдзæни митыздух уад уасæццæ, Хуры тын æй сабыр тохы басæтдзæн, Хæхтæ æмæ мæсгуытимæ нал хæцдзæн, Бæлæсты рæдæнг базгуыты нал сæтдзæн, Салд цъитийæ худгæ цæссыг ратæдздзæн. — Загътон æз, фæлæ мæ ныхас адæрддзæф:
Хъодалаты Герсан Мартъи та йæ галиу митæм бахæццæ, Акуыддæртæ, ацыдæртæ, асæнтдзæф, Абæттинаг, ницуал та йæ басæтдзæн, Алкæй дуарыл сусæг-æргом бахæцдзæн, Зæронд лæгты пецты къæхтæм бабæтдзæн, Кæртмæ дæр сын хизыны бар нал дæтдзæн, — Ивгæ цæсгом алцæмæ дæр бахъæцдзæн... 2003 азы 4 мартъи БЛОКАДОН САХАРЫ (Вариант) Æтт, цы фыд-зымæг арвыстам! — Цардæн нал ардтам иу гæнæн. Цал фæдисоны барвыста Не знаг цардхъуагæй ингæнмæ! Сау кæлмæрзæндар устытæй Чъреба саухъулон адардта. Арв — фæздæгчъиллон, рухс тынтæ Хур йæ хъæбултæм нал дардта... Уарыд иннахæм залты мит, Уый æнахуыр уыд — саутъыфыл. Хъуыст дзæгъæл куыйты балты ниуд, Пецты бамынæг арт-тыфыл. Чъреба сдыгъуырццæг катайæ, Сынт æм, хингондау, уасыди. Ехх, æвирхъау блокадæйы Иу сæрылхæцæг нал зынди. Ам нæ бачынди хъомты конд, Фосау цардыстæм «холлагæй». Хоры бардуагæй — хъодыгонд. Афтид — къутуйæ, голлагæй...
ФИДЫН БОНЗОНГÆ МÆ ХÆС Джиудтой лигъдæттæ уазалы, Карз сæ бафхæрдта сау хæрам. Лæг нæ федтаис вагзалы, Хъæутæм чи цыди, сахармæ... Афтæ арвыстам карз зымæг, Ис нæм, сау бонты чи рафтыд, Уый хыгъд никæдбон бамынæг Уаз ныфсы цæхæр риу-арфы!.. 1990.05.03 * * * Райгуырæн бæсты Бахъуыди сæр, — Разынди цæсты Хорз æмæ ’взæр. Иутæ зын тохы Фидынц сæ хæс, Иннæтæ хохы Фале — æмбæхст. Иуты æндавы Иры хъысмæт, Иннæтæн давын — Се стырдæр мæт. Гъемæ — зын тулæн Рæстæджы цалх, Иумæйаг хъулæн Бадæн нæй сах. Дзыллæ æмгуырæй Рацыд фæдис, — Не знаджы куырой Донласт фæцис! 199114.01
Хъодалаты Герсан * * ’к Мах нæ кæнæм нæ цинагыл цин, Арвы ирдæй нæ уадзæм нæрын. Мах фæкæнæм кæрæдзийæн хин, Æмæ уый у нæ сафæг, нæ рын. РÆСТДЗИНАД Де ’ндонбуар уæнгтæн сæ бæстытæ Иуцъус куы суаиккой уæгъд, — Фестиккой адæмы цæстытæ Цины зæрин хуртæ уæд. * * * Арв куыд чъиллæттæ у абон! — (Бартхутæг уат, мигътæ, уас!) Уымæн не сфаг уаид сапон — Ресы хохы йас!.. * * * Тæхудиаг кæм нæу уæддæр Нæртон Сослан, кæцы уæлбæхæй Зын балцы бацыди мæрдтæм, Фæстæмæ раздæхти дзæбæхæй. * ’к ’к Фæсхъæу иу куыдз федтон мардæй Донхæрисы цур. Фервæзтис йæ куыдзы цардæй, — Аныгуылд йæ хур...
цврукъйты ялыкеандр: 85 пзы
ЦÆРУКЪАТЫ Владимир МЕ’ФСЫМÆР ÆМÆ ИННÆТÆ ирæ хорз ныхæстæ ныффыстой алы рæстæджы мах бинонтыл: Хъойбайты Сер- гей, Хъайтыхъты Къола, Тауаситы Фацбай — Дыгуры районы газет «Коммунист»-ы; Созайты-Тедеты Лизæ, Бекъойты Алык- сандр, Сохты Махарбег, Гæлуаты Зоя, Созайты Константин, Тепсыхъоты Зоя — «Рæстдзинады»; Малиты Батрадз, Тагъа- ты Ларисæ, Кцойты Асте — «Дигорæ»- йы, Елехъоты Валери, Хъайтыхъты Габо — «Æрыгон коммунист»-ы... æ. а. д. Цæстуарзон ныхæстæ фæзæгъынц радио æмæ телеуынæнæй Джыккайты Шамил, Хъодзаты Æхсар, Ходы Камал, Хозиты Барис, Кадзаты Станислав, Мамиаты Изетæ... Ныхас фылдæр фæцæуы Агъни- ан æмæ Алыксандры сфæлдыстадыл, æмæ æмбæлгæ дæр афтæ кæны... Бузныг, стыр бузныг. Æрмæст уацты бафиппайæн вæййы рæдыдтæ, баххæстгæнинæгтæ. Æмæ уыцы хъуæгтæй кæцыдæрты баххæст кæныны охыл фыссын ацы фиппаинæгтæ. Никæд рох кæнын æвирхъау хабар. Уый уыди 1938 азы. Нæ мад йæ фыртыхстæй цард аккаг нал кодта, хуыссæнуаты йæ хурх æлвæста, йæхи мардта, фæлæ йæхи амарын йæ бон нæ уыд... Ацал-ауал азы цæрын, кæд ын æцæг цардыл банымайæн ис, уæд, æмæ мыл иунæг ахæм бон дæр нæма аивгъуыдта, мæ цæстытыл кæд нæ ауади:
МЕ ’ФСЫМÆР ÆМÆ ИННÆТÆ Дзыцца йæ тихалæг цæнгтæй хур- хылæвæрд хæцъил фæйнæрдæм ивазы- ныл куыд архайы... Афтæ куыд рауада- ид, æмæ дзы мæн йеддæмæ — ничи? Иннæтæ дæр уым уыдаиккой, фæлæ дзы мæ цæстытыл уайы æрмæст Дзыццайы утæхсæн æмæ нæ сыхаг Черчесты (Дзы- гасты) Катяйы æхсгæ уад нæ хæдзармæ... Нæ зонын, йæ удисæджы йын куыд фæсырдта Катя ацы хатт дæр та... Фæлæ ма нын мад бирæ-бирæ азты фæцард уый фæстæ. Йæ дзырдаивады курдиæттæ дæр хуыздæр уый фæстæ бамбæрстам æмæ сбæрджытæ кодтам, Черчесты Катя. биноныгдæр фæфыстам йæ уацмыстæ. Ахæм удайстыты фæстæ мах тынг æнувыдæй хъахъхъæдтам нæ мады, зылдыстæм æм æзфæраздæ- ронæй, чи куыд арæхст, афтæ. Нæ зонын, Бекъойы-фыртæн цас бындур уыд афтæ ныффыссынæн: «Ныййарæгæн хорз чи фæци, уыдон стьг Цæрукъаты цыппар æфсымæры... æмæ сæ хо Дзерассæ... Йæ амæлæты бонмæ йын... тынг фæлæггад кодтой. Кæд искуы исчи йæ мады фыдæбон бафыста, уæд — уыдон». («Рæстдзи- над», 1997 азы 4-æм мартъийы) Хорз, кæд æцæг афтæ уыди, уæд. Фæлæ ныр æнкъарын, ноджы хуыздæр лæггад хъуыдис. Сæдæ азы дæр нæ бафæлладаиккам мадмæ зилынæй... Кæд-иу фылдæр хатт хъæбысы даргæ æмæ хъæбысы хæсгæ уыд, уæддæр. Æвзæрдæр заманты, сыхæгтæм-иу фæдисы куы уадыстæм, мæнæ нæ уæды уавæр: Охх, мæ ныййарæг, цы зæгъон Ме ’нкъард сагъæстæй дæуæн?.. Æви саухъæдмæ фæтæхон, Йе та ме ’намонд фыдæн Райсон тæрхæгæй йæ хъама, Уымæй байгæрдон мæ риу!.. Зоны нын нæ растад Хъарман, Зонынц Уаза ’мæ Хъæриу. Ныр цыппæрæм хатт æрфæззæг, Митæй хохы цъупп фæурс...
{1^^*»^^ Цæрукъаты Владимир Нæй мæ кæстæртæм фæкæсæг Уазал къонайы уæлхъус... Иунæгæй сын, о, цы кæнон?.. Мах маст йе ’ппæтæй дæу у. Цæй, мæхиуыл уал фæкæуон, Стæй фæкæудзынæн дæуыл... Æмæ судзы мæн фыдазым Дзуæрттæй ралгъитгæ фыртау. Нал дæ сыстынæн... Дæ разы Æз ныггомыг дæн цыртау. (Цæрукъа ты Алыксандр. « Фыдæй фыртмæ ») Нæ мад Куйбышевы уынджы куы сади Алыксандры фатеры, уæд мæ мæ къах иу аходæттыл æнæнхъæлгæ бахаста уырдæм. Æвзæр уавæры йæ баййæфтон: нал мæ базыдта. Æгас ма уыд. Тагъд æххуысы дохтыр уырыссаг лæппуимæ иумæ къæсæрыл æрбахызти сыхаг ус Рая дæр. Катайæ сдзырдтон: «Цæмæн ма йæ ласæм?..» Рая дæр æм æркаст: «Йæ аласын рынчындонмæ Ллыксандр йæ мад Агышанимæ.
МЕ ’ФСЫМÆР ÆМÆ ИННÆТÆ ^Ог^^Уи ницæмæнуал у». Гъе, афтæ æвзæр уыд нæ уавæр. Мæхи феф- хæрын, амæлдзæн — уыцы хъуыдыйыл куыд сразы дæн, зæгъгæ. Фæлæ нæ Хуыцау уарзта, æмæ царды цалх рæстмæ æрзылдта. Дзыцца нын фервæзти. Дохтыртæ нын бар радтой, æмæ палатæ- йы йæ сынтæджы фарсмæ хатгæ-тухгæ хуыссæн сæвæрдтам, æмæ радыгай, фылдæр — мæхæдæг, (цардтæн уыцы сыхы, рын- чындоны тæккæ цур) суанг йæ рафыссыны сахатмæ æнæсцухæй йæ цуры уыдыстæм. Дохтыртæ сæ хъуыддаг кодтой, фæлæ йын æз та тынгдæр йæ хæринагмæ кастæн. Куы сын загътон, цæмæн афтæ? — уæд мæм байхъуыстой — хостæ йын бирæ нал лæвæрдтой. Хъуамæ алы бон дæр йæ хъуыры иучысыл уæддæр æндæр æмæ æндæр рог хæринаг цæуа. Кæннод афтæ рауад, æмæ йын айдагъ хостæ, йæ хæрд нывыл кæмæн вæййы, ахæм адæй- магæн куыд дæттынц, афтæ рафыссынц, æмæ сæ фæстæмæ ска- лы. Марг куыд уа, уыцы ад ын райстой. Мæ ирон зондæй уый бамбæрстон, бындзарæй фехæлдтон уыцы уаг. Рынчындонæй йæ мæ фатермæ æрбаластон. (Куынæма йæ рафыстам, уæд мыл иубон рынчындоны кæрты сæмбæлд Плиты Грис. Уыцы бон нæ, фæлæ дыккаг бон хуынимæ рынчынфæрсæг æрбацыд. Дзыццайы зæрдæ иттæг барухс Грисы уындæй.) Зилын æм байдыдтам æндæр хуызы. Алкæмæй тынгдæр ыл аудыдта нæхи Таймураз. Бындуронæй каст æрцыд йæ рационмæ, йæ алы хъуыддагмæ. Телефонæй бастдзинад ын сарæзтам хиуæттимæ, зонгæтимæ. Нæ хъæуы хистæр сылгоймæгтæй сахары чи ’рцард, уыдонимæ. Хуыд- там æм сæ нæ хæдзармæ дæр. Чингуытæ йын — кæсгæ! Æндæр алы ирхæфсæнтæ. Хъуыстам ын йæхи уацмыстæм, фыстам сæ. Телеви- зор æмæ радиойы æрмæг дæр — «лорстой»: зæрдæрухс ын кæцытæ æрхæсдзысты, уыдонмæ куыд кæса æмæ хъуса æрмæстдæр. Фæндыр æрхастон зонгæтæй, рагон фæндыр, æмæ-иу сабыр- гай, фæлваргæ-фæлваргæ йæ кæддæры цæгъдтытæ æрымысыд. Æппæты диссагдæр мæм дзы каст бæхты кафты цагъд. Ацы цагъдмæ-иу, дзырдта мын, стынг барджыты ерыс (джигитовкæ). Иу æнахуыр хъæлдзæг цагъд ма дзы уыди. Йæ рæсугъд мелоди ныхæсты ритмикæйæ дæр «æддæмæ зыны»: Цай Нал и, Дзул Нал и: Нырма Дзыба Цы бахæра?..
^9Т^2й*^^ч Цæрукъаты Владимир Мæн фæндыд, йæ рагон цæгъдтытæ истамалæй сног кæн, ныффысс нотæтæй дæр æмæ дзырдтæй дæр... Уым бирæ цымы- дисæгтæ уыдаид, йæ хо Чабæйæ кæй райста, йæ фыдыхо Сæнæхъызæй, иннæ дæснытæй, йæхæдæг кæй сфæлгъуыдта... Рагон ирон репертуар... Фæлæ мæнмæ музыкалон курдиат никæд æрæмгæрон (мæ чысылы бонты музыкæмæ хъусыныл уыдыстæм?!), стæй сæ кæддæрау ацæгъдын йæхи бон дæр ма кæм уыд? Мæн фæндыд, мæ цæстыл куы ауаид, Дзыцца-иу хъазты куыд цагъта, йæ цагъдмæ-иу Цæбиты Гæкка йæ иу къахы фындзыл куыд кафыд. Афтæ кафгæ никуы федтон æз. Нæ номдзыд ан- самблы дæр афтæ ничи кафыд, æнхъæлдæн. Гæкка Хъарманы нæ сыхаг уыд, Дагомы та — мæ мадæрвадæлты сыхаг. Кадджын, хъæлдзæг, уарзон адæймаг. Ныр æй бæргæ æрфæрстытæ кæнин рагон бирæ истæмæйты, фæлæ ма — кæм?.. Уæлладжыргомы фольклоры йæ кой цæуы, йæ бинойнаг Хануаты кой дæр. Фæндыр- дзагъдимæ-иу зарыдысты: Агуат дурынæн нал бæззы — Хануат курынæн нал бæззы!.. (Хануат йæ иу цæстæй фæсахъат). Гæккайы сурæт мæм баззади. 1953 азы сæрды, иу афæдз ах- уыргæнæгæй куы бакуыстон, уæд мæм ме ’мбæлттæй иу бæрæггæнæг æрцыд хъæумæ, æмæ йæ уымæн сисын кодтон: уæлбыл обауыл бадынц аргъæутты дæсны Дзобаты Ханджеимæ (Тотионы лæг) сыхы сывæллæтты ’хсæн нымæтхудты... « Сывæллæттæ » ныр цоты цотджын сты. Мæн фæндыди, Дзыццайы цагъдмæ-иу барджыты ерыс-кафт, сæ хъазт (джигитовкæ) куыд сцырын, уый дæр цæстыл ауайын кæнын... Уыцы ран-иу кафыдаид Зембатты номдзыд афицер, уырдыгон, Дæбе йæ романы кæй æвдисы... Агъниан, йæ фæндырыл хъарæггæнгæ, ацыд мæрдтæм: ... Æз цы хъазты нæ ацагътон, Уый адæм хъазтыл нæ нымадтой. Фæндыркъухæй мæ бонтæ Дагомы уæлдагъ арвыстон... Адонмæ чындзы куы цыдтæн, — Мæ фæндыр мын нæ нывæрдтой.
МЕ ’ФСЫМÆР ÆМÆ ИННÆТÆ Цыма мыл дуне баталынг, — Мæ уд мæ хъуырæй ласт æрцыд. Æвзагласт маргъ ма куыд зара? Къæхтæлыг саг ма куыд уайа? Ме ’дзард чызджытæ мæ ферох сты... Мæ фæндырыл кæугæ кодтон... Исчи фæндыры кой ыскæнæд, — Мæ зæрдæ ныр дæр ныссæххæтт кæны. Искæцæй фæндырдзагъд æрбайхъуысæд. — Цыма кæмдæр мæ уд дзыназы. Афтæтæ цардыстæм, рынчындонæй рацæугæйæ... Йæхæдæг фæцахуыр телефоны аппарат, сахат æмæ газы пецимæ архайы- ныл. Скодта-иу исты хæринаг дæр. Æз-иу æй, раджы чызгæй хъазты куыд симдтай, афтæ ма асимæм, зæгъгæ, мæ дæларм æрбанорстон æмæ-иу цалдæр хатты симæгау дæр акодтам мæ иууатон фатеры. Ахæм бонты æнтыстджынæй фыстам йæ уацмыстæ, хуыдтам зонгæты, арæхдæр нæм æфтыдысты уазджытæ (ардæм æмæ нæ иннæ фатертæм дæр), уыдонимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фыс- джытæ дæр. Уыцы бонтæ, мæйтæ æмæ афæдзтæ хонын хуыздæр заман. Катя Черчестæм æрцыди дыккаг бинойнагæн — Агъниан Адийы амарды фæстæ. Æрæййæфта сæм Адийы дыууæ чызджы — Чабæхан æмæ Танайы, уыдонимæ — лæджы хæстæджытæй дыууæ зындарæн нæлгоймаджы — Г. æмæ Б-ны. Цыппарæн дæр уыйас хорз уыди, æмæ йыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой. Æгас сæ чи у, уыдоныл ма абон дæр йæ тавиц ис. Тана йыл «Рæстдзи- над»-мæ очерк дæр ныффыста. Фыдыусæй æппæл — уый арæх нæ вæййы. (Нæ рацыд очерк — сæ хæдзарвæндагæй иуы рæды- ды аххосæй). Кадджын уыди уыцы сылгоймаг алкæй цæсты дæр. ... Иу фæззыгон фæсæмбисæхсæв, не ’рвадæлтæн сæ нартхо- ры хуым махимæ æмарæн кæм уыд (не ’фсон фæуа!), уым æй тыдтой дыууæ чидæры. Уыцы сахат Алыксандр, йæ фыссæн стъол ныууадзгæйæ, рацыд бæлæсты бын абадынмæ. Æхсæвон уын-
Цæрукъаты Владимир Алыксандр йæ фырт Аланимæ. æрты ’хсæн æрыстыфта давджыты, бахъуызыд æмæ дзы иуы æрцъипп ласта æмæ йæ æд голлаг йæ хъæбысы схаста нæ сарамæ... Æркаст, æмæ — Катя кæуыл фæрыстаид, ахæм адæймаг... Йе ’мба- лы æвæстиатæй анымыгъта, уый æфсон акодта давыны уынаффæ. (Уый дæр сыхаг — Ч. Т. Цæры иу горæты. Ацы фыст ын исчи дзурдзæн, æмæ уæд йæ зæрдыл æрлæудзæни давды ’хсæв). Фæдзырдтой Катямæ. Уацайраг суæгъд. Уæдæй абонмæ йæ кой нал æрцыди. Дзыгæсоны хатырæй-иу ныббарстам фыддæр фыдгæнджытæн дæр. Хъæумæ ныфтгæйæ, никуы фæдæн Катяйы æнæбабæрæг- гæнгæйæ. Йæ кæстæр лæппуйы сæфтыл тынг фæрыстыстæм. Æфсымæртау цæрæм хистæртимæ. Сæ мады тыххæй йæ удæ- гасæй фыссинаг уыдтæн, ацы къам дæр уæд æрæвæрдтон мæ рæбыны. Нæ бантысти. Кæд Уæларвбæстæ ис, уæд Катя уым зæдты фарсмæ бады... Агъниан — фылдæр хуысгæ рынчын, йæхæдæг — æрвылбоны æххуысхъуаг, уæддæр ын бантысти, нæ фыд цæмæ бæллыд, уый сæххæст кæнын — махæн уæлдæр ахуыргонддзинад раттын. Тард-
МЕ ’ФСЫМÆР ÆМÆ ИННÆТÆ ж-^^^95^ та нæ размæ. Æппæты сæйраг — ахуыр, фидæны бындур. Йæхи удмæ йын базилæм, уымæй дæр раздæр, уæлдæр æвæрдта йæ цоты ахуыры фæндаг. Уыдис-иу ын дзурджытæ: «Цæмæн сæ æрвитыс институттæм, дæхæдæг фæкæсинаг куы дæ? Чызджы уæддæр уадз». Дзуапп-иу радта: «Сæ фыды афтæ фæндыд». Уый нæ уыд, зæгъгæ, уæд нæ хъæууон скъола дæр ничи фæуыдаид. Фæндзайæм-æхсайæм азты нæ мыггагæй уæлдæр ахуыргонд- дзинадимæ, хистæрты комвузтæ ма нымай, афтæмæй уыдис æрмæст æхсæз, уыдонæй фондз — нæхи хæдзарæй, иннæ — Цæрукъаты Тотырбеджы чызг Верæ, номдзыд Алыксандры (Дзи- боккайы) хо. Æнгуылдзтыл банымайынæй фылдæр нæ уыдыс- ты. Ныр сбирæ сты, æмæ мын уый — цины хос. Дзыцца нын фæсади нудæс æмæ ссæдз азы æмæ æхсæз мæйы. Газет «Коммунист»-ы 1984 азы 27 мартъийы номыры иумæ- йаг ныхæстæй загъдæуы нæ фыд Ибрагимы тыххæй, революцио- нерты разæй чи цыд тохмæ, уыдонæй уыди, зæгъгæ. Уæвгæ та ис мыхуырæвæрд (заверенные) документтæ йæ революцион архай- ды тыххæй, йæ æхсæнадон стыр куысты тыххæй. Уыдонæй иу æрхæссын æмбæлди. Зæгъæм, Ибрагим æмæ Ботъоты Додийы, куыд мидхæсты фесгуыхæг сырхгвардионты, Сырх Тырысайы орденмæ кæм бавдыстой, уыцы æмбырды суагъæ. (Æз уыцы су- агъæйы къопи радтон Додийы хæстæджытæм. Додийыл рацыд очерк «Социалистическая Осетия»-йы.) Ибрагимыл ахæм бын- дурон фыстытæ нæма уыд, Нæ, йæ кой вæййы зæронд коммунистты (Дзатцеты Аслæнджерийы, Елехъойы-фырты æмæ æндæрты фыстыты, фæлæ ахсджиаг документтæй пайдагонд нæма ’рцыд.) Газет «Дигори хабæрттæ», зæгъгæ, уым 1996 азы январы фæзынди Хъайтыхъты Къолайы æрмæг «Æртæ фыссæджы». Хъæбæр нæ æппæлы — фыдæй фыртмæ, фæлæ æруагъта рæдыд- тытæ, Агънианы хоны ахуыргонд: «... ахуыргæнджытæ-иу дисы бацыдысты йæ æрхъуыдыджын дзуаппытыл...» Уымæй 18 азы раздæр рацыд Агънианы фыццаг чиныг «Мады сагъæстæ», уым 140-æм фарсыл бакæсæн ис Агънианæн йæхи ныхæстæ: «Иунæг бон ссыдтæн скъоламæ... Хуыртæй банымадтам ссæдз, æмæ ууыл мæ ахуыр фæцис». Алыксандрæй зæгъы: «Сси Къостайы премийы лауреат...» Мæнг ныхас у уый дæр. Цыма нæ мад æмæ нæ фыд æмгæрттæ уыдысты, афтæ дæр дзуры, фæлæ та уый дæр раст нæу: нæ фыд хистæр уыд. Æ. а. д., æ. а. д.
Цæрукъаты Владимир Алыксандры æхсæны куыстыл исчи куы фæфыссы, уæд дæр та — иумæйаг ныхæстæй, афтæмæй та ис бирæ документтæ, æвдисæйнæгтæ, факттæ. Цы Урсдоны быдыртæ æмæ Сылтаныхъы кой фæкæны арæх, уым йæ чысылæй фæстæмæ дзæвгар æрфыдæ- бон кодта ме ’фсымæр. «Айхъуыстысты Хъарман-Сындзыхъæ- уы пионертæ Фардзинты Верæ, Хымылонты Зæйрæт æмæ Цæрукъаты Алыксандры нæмттæ. Уыдон æмцегад райстой кол- хоз «Чермен»-ы фосыл æмæ сæм зылдысты æрвылбон, уыцы хъуыддаджы уыдысты фæзминаг», — фыссы «Мах дуджы» (№10 — 1962, ф. 82) ахуыргонд Бытъæты Хъасболат. Уый йæ цæст лæмбынæг ахаста уæдыккон периодикон мыхуырыл. Йæ заманы айхъуыст æндæр хабар дæр: Цæрукъаты Алык- сандр æмæ Черчесты Гаги Сылтаныхъы быдыры иу бонмæ ба- рывтой 1,6 га нартхоры хуым. Архайын, Алыксандр йæ цард куыд уырыдæй æрвыста, уый равдисыныл, æмæ мын ацы хуымæтæг ныхæстæй ницы æнтысы, йæхи йын куы нæ рафæзмон, уæд: Кæддæр мæхиуыл нал æууæндыдтæн, Зылдтæн мæхи фæстæ мæхæдæг, Мæхи сафыныл архайдтон, бæгуы!.. Мæхиуыл мæ æрымысын хъуыд исты, — Нæ уыд мæ бон... Фæлæ æндæртæ Фæдысмудæн уæддæр мæ фæстæ кодтой, Цымæ цæмæн? Æз аххосджын, мыййаг, уыдтæн кæд уымæй: Фæлурсдзæсгом кæй дæн, Кæй хуыфыдтæн мæ тæрттæй; Кæй уыдтæн æз Къæдзлæдзæгау гуыбырсин, Гæны хæтæлау даргъ, Æрбафу кæ — фæхъил уыдаин уæд. Ахæм адæймаг, ахæм уавæрты «скодта» колхозонтæн сæхицæй бирæтæй фылдæр фæллойбонтæ æмæ сæ, æнæ иу гага райсгæйæ, бахаста хъахъхъæнынады фондмæ. Бинонтæ æдзух — æ^хормаг, йæ ахуыргæнæджы хæс дæр — æнувыдæй, сфæлды- стадон æгъдауæй кодта; агитатор, пропагандист, бригæдты га- зеттæ, колхозы иумæйаг газет уадзæг, лæвар нывгæнæг, ло- зунгтæ, плакаттæ фыссæг; «боевой листоктæ» политикон æмæ æндæр алы темæтыл йæхи оригиналон нывтæ æмæ æмдзæвгæтимæ
МЕ ’ФСЫМÆР ÆМÆ ИННÆТÆ ^^^^9П ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл... Уæдæ скъолайы æхсæнадон куыстытæй дæр сæрибар кæм уыдаид! Сæ тæккæ арфы! Сæ ак- тивондæр æххæстгæнæг! Литкъорд, драмкъорд, цалдæр хатты та — нывгæнджыты къорд дæр. Уымæй æддæмæ — ирон хæдза- ры хистæрыл цы уæз, цы хæс вæййы, мидхъæуы цæргæйæ, уыдон дæр — йе рагъыл. Алцы дæр уыд, алцы^дæр кодта. Сæйраджы та поэт кæй уыд, уый ничи ’мбæрста. Йæ удæртау цы дывыдон æртыты сыгъди, уый мæнæ ныр хуыздæр уынæм йæ уацмысты. Æххæстæй йæ, æвæццæгæн, нырма ныр райдыдтам æмбарын. Туг-заман уыди, тур-заман! Бæрæгбæрц фæллойбонтæ чи не скод- таид, уыцы колхозонты стын кодтой сæ хæдзæрттæй, æрвыстой сæ Сыбырмæ — кæдæмдæр. Ахæм æгъдау æрæвæрдтой. 1952 кæнæ 1953 аз уыдаид, уæд нæ хъæумæ æрцыдысты хицауад; стыр æмбырды обкомы минæвар Г-йы фырт æртхъирæнгæнгæ загъта, мæнмæ æвир- хъау чи фæкаст, ахæм ныхæстæ: «Куы нæ кусат, уæд æгас хъæуы адæмы дæр ахæсдзыстæм!» Уый дзырдта Къора, Урсдон, Хъарман æмæ Сындзыхъæуы ас адæмы иумæйаг æмбырды. Мах, скъолаты ахуыргæнджытæ, дæр уым уыдыстæм хъомылдæр ахуырдзаутимæ. Хицауадæн колхозон куыстад сæвæрын сæ бон нæ уыд æмæ скъола- тыл бырыдысты, лæвар кусын кодтой сывæллæтты. Директор æмæ- иу ахуыргæнджытыл хъæртæ куы байдыдтой! Уæдмæ Алыксандр Мæскуыйы, Литинституты, ахуыр кæнын байдыдта. Тæккæ фыццаг мæйты дзы райстон тыхст фыстæг: цалдæр сомы йеддæмæ йæм нал уыд, æрбалвæста йæ мæскуыйаг хъызт. Ныууадзынвæнд скодта йæ ахуыр. Æвæстиатæй йын ар- выстон, къух цы амыдта, уый — æхца, мæ хъарм пъалто, ныф- фыстон æм: ма тыхс, ды нæ уал азы куы фæдардтай, уæд мах дæу æгуыдзæг ран ныууадздзыстæм?! Уыцы пъалтойы йын къамтæ ист ис Литинституты дуармæ — чехаг поэт Мирек Фи- липп, ирон прозаик Бицъоты Гриш, тæтæйраг поэт Рашит Гарай, уырыссаг поэт Евгений Евтушенко æмæ иннæтимæ. (Æмдзæвгæ «Уацирæтæн» Евтушенко уырыссагмæ, æвæццæгæн, уыцы рæстæджы раивта.) Цард саразын æй куыннæ фæндыдаид: Зæгъ, циу æнæ бинойнаг цард? — Сæлфынæг, мигъбонау æнкъард, Æнæ дидинæгджын лæнкау, Æнæмæй, талынг æхсæвау, Æнæвзаг булæмæргъ сæрддон, Дзæгъæлуагъд, фосхизæн дыргъдон. 7 Мах дуг № 12, 2003
Цæрукъаты Владимир Æнæ зæнæгæй цард цы у? Куы нæ уа чызг кæнæ лæппу? — Æнæдон æрх, æнæвзар хуым, Æнæ кæсагрæгъау хуыдым, Чыргъæд æнæ мыды фæзгъæр, Хъæууат, зæронд хъæууат — æдзæр. Фæлæ йын — ницы фадат. Йæ кæстæрты дарынæй йын фезмæлæн дæр нæ уыд. Æмæ-иу нæхи аххосджыны бынаты æнкъардтам. Алысандр, бинойнаг æрхæсса, уымæ никуы æрæвдæлон, ни- куы дзы райхъуыст ахæм кой. Æвадат, гæвзыкк цард. Афонтæ цæуынц. Чиныгкæсджытæм, æцæгæлон адæммæ уый кæцæй зын- ди, фæлæ махæн — мад, хо, æфсымæртæ æмæ мыггагæн та ахæм уавæр — стыр зæрдæниз. Цас фæлтæрæнтæ йыл фæкодтой! Азтæ азты фæдыл цыдысты... Хæстæгæй, хионæй, æрдхордæй — йæ бон дзы базыдта алчи... Ахуырмæ афтыди Мæскуымæ. Фæуæрæхдæр сты литературон фæндæгтæ, фадæттæ. Нæ фыд дæр сраст и. Политикон æфсондз уыйас нал æнкъарæм. Фæлæ та йыл рæстæг уæгъды цæуы размæ... Уалынмæ мæ хъусыл куы ’рцæуид: Алыксандр кæйдæр зоны, чидæр йæ зæрдæмæ цæуы. Сусæгæй мын æй фенын кодтой ме ’мкусæг ахуыргæнджытæ. Зæрдæисгæ, æцæг. Урсдоны скъолайæ æривта Хъарманмæ. Йæ ахастыл бæрæг уыд, мæн дæр кæй зоны. Рахатыдтон сæйраг — зæрдæргом у ме ’фсымæрмæ. Равзæрд уарзондзинад се ’хсæн. Адæммæ диссаг фæкастаид. Уый — куыд? Бирæ хистæр дзы у. Æрæджы дæр ма йын ахуыргæнæг уыди. Фыссæг, номдзыд! Чызг та уый æмсæр цæмæй расгуыхдзæн? (Алыксандрæн æй аккаг чи нæ кодта, ахæмтæ дæр фæзынд. Цыдæр къуылымпыйаг ардтой чызгмæ йæ мадырдыгæй). Чызгæн йæхицæй та æппæлыдысты иууылдæр æмæ алы хуызы дæр. Ни- куы никæй фарстон, фæлæ-иумын «уынгон радиотæ» лæвæрдтой алы информаци. Чызгæн фыд нæй, уый дæр сæ нæ ферох. Ныр Алыксандр та æнхъæл уыд, цыма сын сæ хабар ацы дунейыл иунæг адæймаг дæр нæ зоны. Уый æнахуыр уавæр уыди. Цыма ирон адæм*>1 ’хсæн нæ цард — йæ алфамблайы царды змæлд æппындæр не ’мбудыдта. Афтæмæй та йæ кой алы хæдзары дæр цыди. Скодта ахæм бон дæр, æмæ мæн змæлын бахъуыд Алыксандры фæдыл. Фенхъæлдтат: ме ’фсымæр нæ къуымтæм базылд, уæдмæ алы ирон æгъдау фæкодта, кусæрттагæй, лæвайрагæй, фидауыны
МЕ ’ФСЫМÆР ÆМÆ ИННÆТÆ ^2&*^^ æмæ хæссыны бонæй, — иууылдæр бæрæг. Уæдмæты хъуамæ бирæ хъæугæ змæлд æрцыдаид... Къухылхæцæг, æмдзуарджын... Арахъ- уадзынтæ, бæгæныхсидынтæ, сусæгцыдтытæ, хæдзаруындтытæ... Мурдæр — ницы! Фæлæ уыдæттæ иууылдæр конд уыдысты æндæр мыггагæн. Чызг мидхъæуы Х-ты мыггагмæ чындзы цæуыны къахыл ныл- лæууыд. Райсом фидауджытæ йæ хæдзары уыдзысты. Бинонтæ сæхи æррæвдз кодтой, бæгæны бахсыстой, Горæтгæрон районæй æрцыди мадыфсымæр чызг дæттынмæ. Ам ис ныр дыккаг бон. Æмæ гъеныр, гъе, Алыксандры æрфæндыд сылгоймагимæ й’ амонд сиу кæнын. Куыдæй мæ хъустыл æрцыд, уый мæ ферох, фæлæ хабар куы базонин абон — сабаты, сом — хуыцаубоны чыз- джы æндæр мыггагмæ раттынмæ та æппæтдæр цæттæ куы уаид! Сабат фæфæуы. Хъæубæстæ хисты бадынц Дзбойты Азæмæ- ты дыргъдзæхæрадоны. Хæрнæг дæр — фæуынтыл. Бауадтæн æмæ цалдæр ныхасæй бамбарын кодтон, Алыксандрæн минæ- варæй цæуын хъæуы, зæгъгæ, Байсогъуырты Созырыхъойæн, Абæгаты Гуцийæн æмæ ма иуæн. Æвæстиатæй фестадысты æмæ мемæ рараст сты чызджы хæдзармæ. Цæуын та хъуыд дзæвгар — Урсдоны дæллаг сыхæй уалæ Къорайы астæумæ. Ныр Созы- рыхъойыл иу къах — нæ. Байсогъуыры-фырт, уыцы мыггаджы сиахс, стыр кадджын лæг (Алыксандрмæ йыл ис мыхуыргонд очерк — «Рæстдзинад»-ы ) хъуыддаг ацырдæм здахын байдыдта æмæ йын æнтысти. Уæззау ифтыгъды йын æмдых цæдисон уыд иннæ ахæм — Абæгайы-фырт, фыдæлтæй нырмæ немæ — æмдзæрин, йæ дзырд — нымад нæ æмхæст цыппар хъæуы астæу дæр. Созырыхъо æрдзырдта мады- фсымæримæ. Уый тæргайæ лидзинаг уыди фæстæмæ ацы сахат, æз, дам, мæ хæрæфырты Х-тæм дæттынмæ æрцыдтæн, сымах та, дам, мын æй æндæрырдæм æрвитын кæнут. Созырыхъо йæ æрсаста. Дзæвгар адæм æрбамбырд. Дыууæ къорды фесты. Мад цæхæртæ калдта. Æз, нæ фарс чи уыд, уыдонимæ чызджы мæ куыст скодтон, фидар ныфс мæ дзы бацыд, йæ зæрдæ ацыр- дыгæй кæй ис, уымæй. Хибарæй дæр дзырдтон йемæ, нæ хъузæт- тимæ йыл иумæ дæр æдзух куыстам, уæгъд æй нæ уагътон. Алыксандримæ йæ уаты дæр фæхибар кодтон, æрмæст ме ’фсымæры уырдæм йæ фæсонтæй схойын бахъуыд. Иузаман уавæр афтæ схорз, æмæ мæм устытæй (сомбоны æфсиниуæггæн- джытæй, æвæццæгæн) чидæр уыцы бæгæныйы къусы дзаг æрба- хаста. Загътон: «Махæн конд нæ уыд, æмæ тæригъæд куы
Цæрукъаты Владимир Алыксандр йе ’фсымæры чызг Мæдинæимæ. расайа...» Уæд йæхæдæг ракуывта Алыксандр æмæ У-ты амондæн. Уалынмæ иннæ мыггаджы адæм фæдисы æрæмбырд сты. Со- зырыхъойы позицитæ дзæбæх фидар уыдысты. Махырдæм тынг ахадыдта Созырыхъойы бинойнаг Зинæ дæр. Фæлæ куыд ныууагътаиккой сæ цæттæ чындзы иннæ мыггаг дæр? Дыууæты минæвæрттæ сиу сты, æмæ тох скарз. Мадыфсымæр та иннæрдæм фесчъил, мады хъæлæс фæхъæбæрдæр нæ ныхмæ. Уым бирæ æнæферохгæнгæ ныхæстæ æмæ æндæртæ рауади. Тæккæ мæстджындæр ныхлæуджытæ хæцыдысты мемæ. Цъил фестадтæн, æмпъызтон, хъуыдда^иу кæм фæцæйскъуыд, уыцы зыхъхъыртæ. Алыксандр Урсдоны скъолайы 15 азæй уæлæмæ бакуыста, хистæрæй йæ тæккæ кæстæры онг хъæу иууылдæр уарзтой; иннæмæй, йе скъоладзаутæ хистæр кълæстæм Хъарманмæ цæ- уын куы байдыдтой, уæд та мæн урокты бадтысты. Æмæ мæн дæр зыдтой хъæу иууылдæр æмæ, мæ бон у зæгъын: нымадтой. Уымæ’ гæсгæ дæр нæ фарсхæцджыты къорд ныббæзджын. Хъæуæн ахæм хабар авæрай! Дæрдтыл ныппырх и. Абон дæр ма йæ фæмы- сынц, фæдзурынц. Алыксандр ма йæ уæддæр сусæг кодта. Ралæууыд ахæм уысм дæр, æмæ иннæтæ сæ хъуыддагыл сæ
МЕ ’ФСЫМÆР ÆМÆ ИННÆТÆ ^ ^^ЧТШ — 7^^^^ зæрдæ кæд нал дардтой. Æгъдауыл фидыд нæма уыдысты (уый сом хъуамæ уыдаид), чызг æндæрмæ разы у; лæппу дæр — ном- дзыд, фыссæг, алчидæр æй зоны, уарзы æ. а. д. Цы ма ацæгъд- дзынæ! Мæскуымæ йæ ахæсдзæн æмæ уым цæрдзысты. (Мæ цæстытыл ма уайы иннæты кæрты артуат, суанцъæтыл — аг, сæ бæгæны кæм фыхтой). Æз сын амарынмæ бæззыдтæн. Уыцы уысмыл иннæты хъуыд- даггæнджытæн сæ хистæр, минæварæй-иу ардæм чи цыд, уый мæнмæ лæбурдта. Бабыхстон æй, ницы йын загътон, æрмæст айуангомауæй: «Дæхиуыл хæц, (æмæ — йæ ном)!» Цæуыл ма ныхмæ дзырдтаин, мах бынтон раст нæ уыдыстæм: хæлдтам кæйдæр цæттæ хъуыддаг. Чи нæ нæ уагъта раздæр архайын? Ноджы — хорз, фæрнджын, кадджын бинонтæ — уыдон дæр. Нæхиимæ дæр — лымæн цæрæг. Мæ адæм, Созырыхъоитæ, стъæлф сæвæрын хъæуы, зæгъгæ, дыууæты минæвæртты цурмæ ноджыдæр ма иу хатт, фæстаг хатт, бафæрсынмæ сидынц сæйраг архайджытæм. Иннæтæ иууылдæр — къухы бын, фæлæ Алыксандры нæ арæм! Мæ зæрдæ ныссæххæтт ласта: уырдыгмæ расхуыстон дугъонау цалдæр ки- лометры, æмæ дын Алыксандр йæ сынтæджы, цæнгтæ сæры бын дзуаргондæй æвæрд, афтæмæй дæргъæй хуыссы, йæ цæстытæ цармæ ныццæвгæйæ... Хъуыддæгтыл ахæм стыр стъæлф сæвæрдта, æмæ ма абон дæр йæ чернилæ фæйнæрдæм лæдæрсы... Уыцы боны диссæгтæй мын иу рохуаты зайы. Боны раззаг æмбисы, æрмæст нæхæдæг ма куы архайдтам хъуыддагыл, уæд нæ Алыксандримæ цæуын хъуыди Къорайæ Хъарманмæ. Къо- ра ’мав Хъарманы ’хсæн та — Урсдон. Фæндаг ууылты цыд. Уый та мæ Къорайы рæбинаг уынджы Хур-Хоры Уастыр- джийы кувæндоны (Сослæнбеджы Дуры æркомкоммæ) кæрæттæ-кæрæтты æрхæццæ кодта Алардыйы кувæндоны цурмæ; Урсдоны скъола (ардыгæй ацыд æрæджы Мæскуымæ ахуырмæ, хъæусовет æмæ клуб иуварс аззадысты, — оххай, уырдыгæй нæ исчи куы ’рбауына! Дарддæр ма афтæ куы цы- даиккам, уæд нæ нæ къах дзæгъæл быдырмæ ахастаид; нæ хæдзар та рахизырдыгæй ис бынæй, тæрфы, нырма — дæлиау, цæуын æм Урсдоныл хъæуы, уый та уынгмæ ныххизынæй тæрсы. Базыртæ та махыл нæй! Цæуын мæ кодта афтæ: æз хъæуырдыгæй, уый — хæрзæнгом цæуы быдырырдыгæй мæ галиу фæрсты (æрбакæсгæйæ, иу адæймаджы хуызæн куыд
(ШНй^>^ Цæрукъаты Владимир ^^^я^- ■ зындаиккам, афтæ), фæлæ мæхицæй бирæ бæрзонддæр лæджы мæ аууон куыд бакодтаин? Иу фарст æрдæбонсарæй дæр мæ сæрымагъзы тæвдæй дзæхст- дзæхст кæны: ныр ай, æппындæр æй куыд ничи базона, афтæмæй ус куыд ракуринаг у мидхъæуы? Кæрон! Ай Бодзæн кæрц нæу: кæрон скæнын хъæуы æвæсти- атæй! Мæ уд дзы баихсыд... Фехæлдтон нæ цыд, рахызтæн «стройæ», демонстративон уæгъд змæлдтытæ акодтон, цæстæй ацагуырдтон цæуæг, афтæ кæмæн зæгъон: «Æрыхъус-ма! Мæнæ гъйай поэт Цæрукъаты Алыксандр у, уæлæ йын Дж... У... курæм, ныр дæр уыцы хъуыддагыл зилæм»! Фæлæ никæй æруыдтон. Тынг хъæрæй загътон: «Абонæй фæстæмæ дæ уынаффæйæ нал цæрын! Ды дæхицæн дæр знаг дæ!» Æмæ уыцы минут ме рагъæй аппæрстон бирæ азты фæхæсгæ моралон æфсондз. Уæдæй фæстæмæ мын цæрын фенцондæр, кæнæ та афтæ зæгъон: растдæр цæрын райдыдтон. Йæ къабазæй йæ нылластон Урсдоны цæхгæрмæ уынгтæй иуыл æмæ нæ фæндаг адæмымыггаг адардтам. Афонмæ Къорайы цытæ рауадаид, уый, æз нæ, фæлæ Алык- сандр дæр æмбæрста, æмæ та цыма, уæлгоммæ хуысгæйæ æмæ цармæ кæсгæйæ, йæ сæры хъуыдыты бырдæн æндæрырдæм æрзи- лахар кодта, уыйау мæм фæзынд. Йæ цæсгомы хатт фæивта, байвад, фæцоладæр... Фæдзырдтам нæ уавæрыл. Мæ ныхæстæ йæм ныронгæй арфдæр хъардтой, уый уыдтон. Фæфæсмон та кодта йæ ралыгъдыл. Иттæг уæззау уавæры бахауд. Цы ма ис саразæн? Мæн ныфс уыди чызгæй дæр, бирæ фарсхæцæг адæмæй дæр, ныр дæр ма хъуыд- даг фæстæмæ разилын мæ бон кæй бауыдзæн. Куыд æмæ цы хуызы, уыдон ныртæккæ дзургæ нал сты, фæлæ йын сæ уæд загътон, æмæ йæ бауырныдтой, сразы сыл. Хуымæтæджы мадзæлттæ нæ уыдысты, ай-гъай, фæлæ сын сæххæстгæнæн уыди. Мæ зæрдæ нæ дардтон æрмæст ме ’фсымæрæн йæхиуыл. Тарстæн: адæймаджы куы раздахон æмæ та махон исчердæм куы фæли- дза, уæд сылгоймаджы уавæр куыд уыдзæн? Загътон ын уый дæр, æмæ йын гæххæтт ныффыссын кодтон, афтæ ’мæ афтæ куы рауайа..., уæд аххос йæхи кæй уыдзæн, дзуапп кæй дæтдзæн алы хуызы дæр, суанг тæрхондоны раз дæр... Ныффыста, дзæбæх батыхтон гæххæтт цыппæрдигъон, мæ пинджачы мидæггаг дзып- пы йæ цæвæрдтон (ме змæлдмæ мын цыдæр æнахуыр лæмбынæг каст) æмæ нæ сарайы даргъ бандоныл мæхи æруагътон...
МЕ ’ФСЫМÆР ÆМÆ ИННÆТÆ Æг^МоЗ^ Æвæццæгæн, фæхуыссыдаин æнæхъæн суткæ, уымæн æмæ мæ куы райхъалчындæуыд, уæд уыди къуырисæры райсом, Суары комæй сугласæг стыр хæдтулгæтæ фæд-фæдыл зыввытт бай- дыдтой Дыгурыхъæуырдæм. Алыксандр мæ сыстын кодта, йæ гæххæтт фæстæмæ баца- гуырдта, рабæлццон æмæ уыцы машинæтæй иуы гуыффæйы сугты сæр куыд бабадт, уый ма федтон... Уый фæстæ цас рацыди — нæ зæгъдзынæн — Мæскуыйæ «Мах дуг»-ыл æрхæццæ йе ’мдзæвгæ. Алыксандр бинойнаджы ’рдыгæй кæй фæсыкк, уый иууылдæр уыд йæхи аххос, хи къухæй «аразгæ» хъуыддаг.. Фæсмонæй сæнкъуыст йæ зæрдæ, æмдзæвгæйы сабузта æгæрон эмоциона- лон тых, фæуæлахиз аивадон рæстдзинад. Чиныгкæсæджы зæрдæ дзы базмæлыди дæлдзиныггонд, цъыфæвдæрзт уарзон- дзинады тæригъæдæй, уæвгæ та царды ахæмæй ницы уыд. Æцæг цаутæ, факттæ — уыдон цаутæ ’мæ факттæй баззадысты, уд сæ нæ бацыд, аивадон уд, æмæ амардысты, æрымысгæ ситуацитæ цæрæццагдæр разындысты. Аивады тых! Лирикон хъайтартæн сеппæтæн дæр уыди прототиптæ... Тъæпæнхъæумæ аивгъуыдтой, чи — раздæр, чи — нырма знон. Фæлæ æмдзæвгæ йæхæдæг цæры æмæ цæрдзæн! Хъуыды кæйын... Балцы йæ цæуын хъуыд, æмæ йæ хæдоны æфцæггот æхсадта сæрдасæнæн фынкгæнæн сапоны мурæй; уыцы сапоны мур фидаргонд уыд кърандасгонд алюмин цыбыр хæтæлы кæроныл... Ахæм æвадат ыл раййæфта. Иннæ хатт та, цæуылдæр тынг стыхсти, ныскъуыдтæ, ныффаринтæ кодта йæ хæдон.... Сау мæрдджынау-иу уыдыстæм, ахæм нывтæ уынгæйæ. Уынгæг бонтæ, уынгæг! Хухулæджы цæрæгау. Фыд нал и. Мад — æнæбон. Не схæссын Алыксандрмæ æрхау- ди. Мах, йæ цыппар кæстæры маст, нæ уæз йе рагъыл уал азы фæуромын — айдагъ гъеуый дæр ын цæрдæсгуыхт куыннæ у! Мах мæтæй кæронмæ дæр не сцух. Таймураз ма йæ-иу уæлдай мæты бафтыдта фæстагмæ йæ нуазынæй. Рухсаггаг Барис та зæрондæй дæр нæ хистæры раз тамако никуы сдымдта. Æмæ Алыксадр буц уыд уымæй. Арæх-иу загъта мæнæн. Йæхæдæг дæр кæддæр тынг дымдта — ныууагъта йæ нæ мады иунæг дзырдæй. Дымд æмæ хуыппыл йæ къух систа йæ фырт Алан дæр. Фæстагмæ хорз бамбæрста йæ фыды, разынд ын аккаг фæдон, æмæ мæ уымæй алы ныфс дæр бацыд. Бæллын, фыды
{Т^^^^^ Цæрукъаты Владимир фæндиаг куы рауаиккой йæ цардвæндæгтæ, ахæм фæндаггаг ын чи нывæрдта йæ «хызыны»: «... Æрвитын дын демæ// Лæджы фарн, лæджы ном, // Мæ фæндиаг ахæсс æнæ мæн дæ балц!» Æвадат рæстæджы йын тыхцъæппытæй хъуыддаг бакодтон, мæ мадызæнæгæй мæ фарсмæ ничи уыд, афтæмæй (фæхæцæг — æрмæст нæхи Алиханы фырт Славик æмæ ма йе ’фсымæртæй кæцыдæртæ). Рæстмæ къахдзæф уыдис уый, науæд æй йæ фыды зиан æррæйæфтаид, æмæ Алан баззадаид бынтондæр. Æнæуи дæр æгæр ныффæстиат. Ныр ын бындар дæр ис. Уый ма куы федтаид йæ фыд! Æнхъæлмæ каст. Фехъуыстон, ном дæр, дам, ныууагъта, лæппуйы ном. Зинтæ ма фæхъызæнт ноггуырдмæ, йæ кой кæй кæнын, уый тыххæй. Æлло! Цыфæндыйæ дæр нæ сæр, нæ мæтгæнæг кæронмæ дæр Алык- сандр уыд. Йæ фæстаг æмдзæвгæтæй иуы, нæ фыдмæ мæрдтæм хатгæйæ, зæгъы: ... Сæ сау тæригъæдæй, дæ байсæфты мастæй Æвзонгæй зæрондмæ нывзалы дæн æз! (Æмдз. «Кæуынц дыл ныр дæр ма») ... Дыууæ къуырийы фæцух дæн мæ институтæй хæдзары тыхстмæ гæсгæ — фæззыгон куыстытæм мæхи ракуырдтон. Ныр тигъыл автобусмæ лæууын дзæвгар. Кæсын, æмæ ахуыргæнæг Дзбойты Агуыбе нæ кæртмæ бæхуæрдоны ныззылди. Цæмæн? Нал æй базыдтон: мæ автобус æрбалæууыд... Уый — Алыксандр царæй æрхауд, йæ фæрсчытæ асастысты, сых æй рынчындонмæ ластой... Хабар мæнæн зæгъын нæ бауагъ- та, ноджыдæр ма куы фæцух кæнон лекцитæй æмæ мæ куы рап- парой, уымæй тæрсгæйæ. Йæ тухитæ йын мысыдтæн, йæ уавæр ын æмбæрстон, æмæ дзы уæззау писмо куы райстон, уæд батагъд кодтон Мæскуымæ йæм ныфсæвæрды дзуапп арвитыныл. Мæскуымæ та афтыд Гуытъиаты Хъазыбеджы æххуысæй. (1952 азы уый куыста Цæгат Ирыстоны АССР-йы фысджыты цæдисы сæрдарæй, æмæ йæ ахуырмæ арвыста). Фæлæ йæ ам дæр нæ фæдыс- мудджытæ цæрын нæ уагътой, дыууæ хатты ныффыстой Литинсти- туты разамындмæ: адæмы знаджы фырт у, æмæ йæ ратæрут. Уыдон уымæй размæ не ’фсымæр Барисы расурьш кодтой Дзæу- джыхъæуы механикон-технологон техникумæй. (Йæ рæсугъд фыст тетрæдтæй ма ныр дæр ис). Фæудхар, фæхъизæмар кодта колхо-
МЕ ’ФСЫМÆР ÆМÆ ИННÆТÆ Алыксапдр Цæгат Ирыстоны телеуынæны кусджытимæ. 1972 аз. Рахи- зырдыгæй кæронæй — Хостыхъоты Зинæ. Дыккаг рæнхъы галиуырдыгæй дыккаг — Дауыраты Зойæ. зы, æмæ та фæстæмæ Хъарманы скъоламæ бацыд, æмæ, æхсæз азы хистæр уæвгæйæ, æрмæст мæнимæ райста аттестат; Дзерассæ дæр — немæ (уый та мæнæй æртæ азы хистæр у). Къола йæ очеркы Дзерассæйæ зæгъы, цыма хæдзары йеддæмæ æндæр никуы куыста: нæ, куыста ирон æвзаджы ахуыргæнæгæй Куырттаты хъæуы цалдæр азы. Йæ ахуырдзаутæй профессортæ дæр ис (Хъулаты Азæ), уый фæстæ та куыста чиныгдæтты пенси райсын афонмæ. Бирæ документтæ ис нæ хæдзарвæндаджы цардыл. Цалдæры кой дзы скодтам Иннæтæ уал лæууынц æнæфеккуырсгæ. Цы боны хорзмæ сæ дарын, уый мæхæдæг дæр нæ зæгъдзынæн. Бонтæ та цыбыр кæнынц. Ныр сæ рæгъмæ рахæссыныл фæстиатгæнгæ нал уыдзæн. Уыдонимæ — нæ фыды уац — «Мардтой, стыгътой бирæгъæй фыддæр...» Уæлладжыр-Æрыдоны зылды газет «Сталинон дзырд»-ы. Фыст æрцыд редактор Абайты Шамилы (ногираг) курдиатмæ гæсгæ — Цæгат Ирыстон урсгвардионтæй ссæриба- ры бонмæ. Уыцы рæстæг Ибрагим куыста районы тæрхондоны.
Цæрукъаты Владимир Уацимæ ис Тогъойты Данелы къам. Ис дзы поэт Дулаты Циц- кайы æмдзæвгæ; æппæлы æрыдойнаг ногдзау Томайты Дзанте- мырæй: колхозы байрæгтæм хорз кæсы. ... Чекойты Ефимы æмæ Гуырдзыбеты Хамбийы къухæй фыст характеристикæ, нæ фыд æмæ йе ’фсымæртæ Темырболат æмæ Хъасболат Дыгургомы урсыты ныхмæ (Ибрагим, Хъасболат) куыд хъæбатырæй хæцыдысты... Ибрагим Кæсæджы зæххыл Дорофеевы æфхæрæг къорды ныхмæ карз хæстыты куыд архайдта... Гуытъийы- фырты адæм æй сæрмагондæй кæй агуырдтой марынмæ: урсдойнаг коммунисты чи амардта, уыцы хъазахъхъаджы æрцахста, бæхы къæдзилыл æй бабаста æмæ дзы сырхгвардионы туг райста; хъæуæй тæлæтгонд бæхтæ æмæ галты рæгъау хъазахъхъæй байста æмæ йæ фæстæмæ хъæумæ æртардта... Документтæн сæ фылдæр сты Ибра- гимы тыххæй. Ис сыл Къорайы, Урсдоны, Сындзыхъæуы, Хъарма- ны, Црауы зынгæдæр лæгты къухæвæрдтæ æмæ алы æмбæлгæ мы- хуыр. Мæнæ гæххæтг. сæ фыд Хъæрæсе Уæлладжыры комы «по громы» кæй архайдта, уый тыххæй йын йæ ис иууылдæр ныууæй кодтой. Къæрццыл ма аирвæзти Сыбырмæ ахæссынæй. ... Йæ кæстæр фырт Георги — Азовы-Сауденджызы Крайко- мы инструктор (национ фарстаты) кæй уыд, уыцы æвдисæндар дæр ис. Командировкæйы йæ сæрвыстой нæхи Ирыстонмæ, уыди Дыгуры районы дæр. Уый фенгæйæ, се знæгтæ тынг базмæлы- дысты сæ ныхмæ. ... Къам. Нæ фыд — Бакуйы нефтгуырæнты уæлладжырон ирæт- тимæ, йæ фарсмæ — Ботъоты Гæмæт, Баскаты Сæрджын, Бутаты Мамсыр, Бутаты Сафонка, Агънаты Сабан, Агънаты Елмырзæ, Цæрукъаты Дзигъайы дыууæ фырты... Бæлвырдтæ йæ нæ зонын, цы куыста, куыд амард, фæлæ Дзигъайы фырттæй иу хорз ном скодта уым, æмæ йæ стыр кадимæ баныгæдтой ирон адæм Мард ныгæнæн бон цы къам систой, уый дæр нæм ис Нæ фыдмæ йæ сæрвыстой; уый раздæр æрбаздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ. Ис ын Амырычы ист æндæр хуызтæ — Хъараты Саулохимæ, æрыдойнаг Уататы лæппуимæ... Фæстæдæрты истытæ — цыколайаг юристтимæ. Уæд уым куыста Та- беты Хуысин æмæ иннæтимæ. (Алы æрмæг сты æнæхъæн папкæ). Бакуйы кой нæма фæци... Ирон лæппутæ æрæвæрдтой Брытъиа- ты Елбыздыхъойы пьесæ, равдысты бонмæ кæмдæр типографийы ныммыхуыр кодтой программæ ирон æвзагыл. Хуынды гæххæтт дæр сын уый уыдис. Ибрагим æй бахъахъхъæдта, абон дæр ис. Амырычы дæр йемæ фæцис, æмæ, уым цы æмдзæвгæтæ фæлвæрдта фыссыныл, уыдонæй дыууæ сты ацы сыфыл. Сæ иуы
МЕ ’ФСЫМÆР ÆМÆ ИННÆТÆ дзуры хъæдкгалыны зын куыстыл, иннæйы — цавæрдæр æгуыдзæг фыййау Цæлыччы тыххæй. Дæлдæр — уыцы дыууæ документы дæр сты Алыксандры фæллойадон фæндагыл дзурæг. «Мах дуг» (1960 — № 10, ф. 6) хъусын кæны, Л. Брежнев æмæ М. Георгадзейы къухæвæрд кæм ис, уыцы уынаффæйы бындурыл, «Фæллойадон хъæбатырдзинады тыххæй» майдан лæвæрд кæй æрцыд — «46. Цæрукъаты Алыксандр Ибрагимы фыртæн — поэтæн» (Мæскуы, Кремль, 1960 азы 5 октябрь). Иннæ: «Царукаеву Александру Ибрагимовичу. Здесь: ул. Куйбышева, 38, кв. 26. АРХИВНАЯ СПРАВКА В документальных материалах архивного фонда Президиума Верховного Совета Северо-Осетинской АССР в акте вручения медалей «За доблестный труд в Великой Отечественной войне 1941 — 1945 гг.» по с. Дигора от 11 марта 1946 года значится награжденным Царукаев Александр Ибрагимович (серия и но- мер удостоверения к медали 075294). 4 мая 1979 г. Директор Государственного Архива Л. В. Тараканова». Фæлæ мæнæ Фысджыты цæдисæй обком бацагуырдта гæххæтт (форма №1), цæмæй ацæргæ автортæн майдан «Фæллойы вете- ран» радтой, уый бындурæн. Æхсæрдæс кандидатæй тæккæ чъын- дыдæр фыст æрцыд Алыксандрыл (уымæн æмæ гæххæтт арæз- той, йæхæдæг « фæдысмудджытæ » кæй хоны, уыдонæй дыууæ: Ц. М. æмæ Г. Г. Диссаджы тыххæй æркæсæм, кæддæра кæуыл цас ныффыстой, стæй, ахæм документтæ уæвгæйæ, Алыксандрæй цы загътой: Б. Т. — ныффыстой йыл 13 рæнхъы, Б. М. — 12 рæнхъы, Д. Д. - 11, Дз. Т. - 14, Д. С. - 7, Е. Т. — 8, Хъ. С. - 11, К. Н. - 9, М. Б. -12, П. Г. - 11, С. Л. - 10, Т. А. - 14, X. Р. - 10, Ц В. — 13, Цæрукъаты Алыксандрыл — 6 рæнхъы, ома — сеппæтæй къаддæр: «Известный осетинский поэт. В 1940 г. начал работать учителем в школе, одновременно учился на заочном отделении пединститута. С 1957 г. т. Царукаев по 1981 г. — редактор книж- ного издательства «Ир». Стихи начал писать в 1934 г. Издал много книг поэтических произведений и рассказов. На пенсии с 1981 г.» Гъеныр ды колхозон быдырты дæ уырг æфтау дæ чы- сылæй фæстæмæ, дæттæнт дын хæрзиуджытæ, фыссæнт фæси- вæдон мыхуыры дæ фæллойадон æнтыстытыл; гъеныр ды
Цæрукъаты Владимир дæрдджынæй дæр цу нартхорыкуыстгæнджытæм, сæ нывтæ сын араз газетæн! Алыксандры ныхмæ архайд цыд æппынæдзух, алы амалæй æмæ алы къахдзæфыл дæр. Йæ хорзы кой æвзæр заман- ты зынæй раирвæзтаид мыхуыры, йæ сурæт ын нæ уагътой га- зетмæ; иумæйаг нывæстмæ-иу куы бахауд, уæд-иу æй ралыг код- той, кæд-иу кæронæй лæуд фæци, уæд; астæуæй — уæд æй рету- шерæн ныххафын кæн, кæнæ къам бынтондæр асхой... Информа- цийы йын йæ ном ныххахх лас, æмбырды цы загъта, уый радиойæ ма рауадз. Телеуынæнæн дæр æнтыст. «Мах дугмæ» цикл куы радта, уæд æй бамбæхс, цыма^ницы райстой, æмæ та æмдзæвгæтæ афæдзбæрц бафæстиат сты. Йæ ныхмæ æмæ афтæ Плиты Грисы, Джыккайты Шамилы, Хъодзаты Æхсары, Бестауты Гиуæргийы, Дзуццаты Хадзы-Мураты, Нафийы, Гафезы, Ходы Камалы, Бицъо- ты Грисы, Дзаболаты Хазбийы, Хостыхъоты Зинæйы, Тотраты Русланы... ныхмæ дæр чи зæгъа кæнæ ныффысса, уыдоны рæвдау, рæстмæ сыл чи бацауда, уыдонмæ та хæрам зæрдæ бадар. Афтæмæй уыцы атмосферæйы рагон цъыфкалджытæн кæстæртæй дæр рарæгъæд дзæбæх сдæрджытæ, фæдысмудджытæ, «эстафетæ» ахæссынмæ цæттæ чи уыд æмæ у, ахæмтæ. Мæ дæлæвзаг цалдæр хатты абадт, æмæ йæ зæгъын домы иу цау не ’мбырдтæй. Цыд литературон быцæу, иу тыфтырыкъо- йæн аргументтæ нал фаг кодта Алыксандры ныхмæ, фæхъæр кодта: « Судзины хуынчъы дæ аласдзынæн, судзины!» Шамил æй ныр дæр ма, бирæ рæстæджы фæстæ, радзуры худгæйæ: «Цымæ йæ куыд ласинаг уыд судзины хуынчъы? Ай дын Алыксандры иу æфсымæр Таймураз, йæ иу къах иннæуыл æппæрст, дынджыр цæнгтæ æвдæлон дзуарæвæрдæй — йæ риу- ыл, афтæмæй бады дуары рахизæны, иннæ æфсымæр Валодя æвзидæгæн йæ хæдфæстæ бады æмæ йын, мидбылхудгæ, йæ тыбырттытæм кæсы, ай дын Алыксандр йæхæдæг, къæдзæхыйас лæг, лæбурæджы хуызæттæ дзы цыппар рацæуид, лæууы æмæ уæле бынмæ кæсы «судзины хицаумæ», фæлæ йæ дзæбæх нæ иртасы... Уæд æй цымæ куыд аласинаг уыд судзины хуынчъы? Йæ судзин, æвæццæгæн, Эйфелы мæсыгæй къаддæр нæ уыд!» Уыцы æмбырдæй «судзины хабар» йеддæмæ абонмæ ницы баззад. Фысджытæ Алыксандрæн Къостайы номыл преми куыд дæттын кодтой æмæ йын лæвæрд куыд не ’рцыд, уыцы хабарæн ам йæ бынат у, æмæ йæ æххæст æрхæссон. Кандидаттæ балæвæрдтой, номхыгъды — 4 лæджы. Тæккæ фылдæр хъæлæстæ райста ме
МЕ ’ФСЫМÆР ÆМÆ ИННÆТÆ ’фсымæр.^Æз ыл не сдардтон мæ къух; йæхæдæг дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, — нæ. Уый алчидæр уыдта, æмæ сæм диссагау дæр каст. Æз та дис кодтон æндæр хъуыддагыл... Алыксандрæй 2 хъæлæсы къаддæр чи райста, уый æмæ йе ’фсымæр мæ тæккæ раз бадтысты, æмæ сæ — хистæры йæхиуыл, кæстæры дæр — ууыл сæ къухтæ сдаргæ куы федтон, уæд хъазгæмхасæн дзурын хистæрмæ: «Æз Алыксандрыл не схъæлæс кодтон». Уый мын радта ахæм дзуапп: «И совершенно напрасно». Очень убежден- но он это сказал. Цыдæр иронахуырст интонациимæ: «И цæвер- шеннæ напрацнæ-æ-æ...» Дзырдтыл цыма бынмæ æфсæрæгау дæр æрхæцыд. Фæйнæхуызон зондыл хæст уыдыстæм: иутæ — пре- мийыл тох нæ хъæуы, уый литературон тох нæу, стæй дзы лæг йæхæдæг куыд хъуамæ архайа, куыд фæлгъауа йæхирдæм? Ис æфсарм! Иннæтæ — цæмæйдæриддæр архайын хъæуы хирдæм. Цæмæйдæриддæр! Æфсарм та циу? Уыцы дыууæ, æфсарм ны- майгæйæ, сæхиуыл куынæ схъæлæс кодтаиккой, фæлæ, дзырдæн, мах бафæзмыдтаиккой, уæд Алыксандры фарс хъæлæстæ 2 фылдæр нæ, фæлæ уыдаиккой 6 фылдæр. Суагъæ республикæйы хицауадмæ ацыди, фæлæ преми рад- той, къаддæр хъæлæстæ кæуыл уыдис, уымæн. Суагъæ бынтон мæнг арæзтæй ацыди. Хицауады уынаффæ развæлгъау цæттæ уыд. ... Фысджытæй мæрддзыгой цыди Кæсæгмæ — не ’мбал Хъодзаты Æхсары æфсымæры зианмæ. Мæнæ-мæнæ автобус араст уыдзæн. Фæзынд партийы обкомы пропагандæйы хайады гæс Тотраты Абхазы æрвыст лæг, уый рахизын кодта Алыксандры, аласта йæ обкоммæ, уым Абхазы кабинеты — æфхæрæг æмæ цæстдарæг оргæнты тæккæ хистæр лæгтæ цалдæрæй, семæ — фысджыты минæвар дæр. Абхазы фæстæ тæккæ æвзæрдæр йæхи равдыста фыссæг. Цыдæр артистон змæлдтытæ, кæстытæ фæйнæрдæм, стæй фæрсьЕ «Алыксандр, дæ усæй алимменттæ æцæг исыс? » Иванов уыцы ныхасмæ йæхи нал баурæдта «Уый закъон у, закъон! Закъæттæ нæм ис, закъæттæ! Тæрхондоны уынаффæйæ вæййы ахæм хъуыддаг. Закъон алкæмæн дæр æмхуызон у: сабиты чи хæссы, чи сæ хъомыл кæны, уымæн иннæ ныййарæг, фæнды ус уа, фæнды лæг, хъуамæ алименттæ фида!» Æмæ рауагътой лæджы. Республикæйы прокурор хæрзаг дис кодта: адон цавæр фыс- джытæ сты — се ’мбалы куы хæрынц? Æмæ раст уыцы цæстæй кастысты йæ бинонтæм, йæ къабæзтæм дæр. Йæ ныхмæ æмæ уыдоны ныхмæ дæр агуырдтой æрмæг. Фыс- той сыл æмæ иннæты дæр фыссын кодтой — анонимкæйæ, æндæрæй... Хъарманы скъолайы къулæй æфтыд æмæ æппæрст æрцыд
{иЬ^^^г^^ Цæрукъаты Владимир ^^^.^ы^^ мармор къæй ахæм фыстимæ: «Ацы скъолайы каст чи фæци æмæ сæрыстыр кæмæй стæм, уыдон: поэт Цæрукъаты Ибраги- мы фырт Алыксандр, артист Цæрукъаты Тотырбеджы фырт Алыксандр...» (Къæйы раппæрст цас фыдракæнд у, уый æргомдæр разындзæни, Хъарманы скъолайы зæронд агъуыстытæ Цæрукъаты Ибрагимы æмæ Дзбойты Саулохы арæзт кæй сты, уый ма нæ ныхасыл куы бафтауæм, уæд). Ирон мыггæгты чиныджы къухфыст йæ рацæуыны агьоммæ фыс- джытæй кæмæдæрты куы бахауд, уæд дзы мыггаг «Цæрукъатæ» ныххахх кодтой, аппæрстой æмæ рацыд æнæ уыцы мыггагæй... Ныхас цæуы республикон библиотекæйы кусджытæ кæй бацæттæ кодтой, уыцы чиныггондыл, уый йеддæмæ иннæты алцыдæр нывыл у. Фæлæ... Æ уыцы ахахгæнæг, аппарæг! Уый дæ мæгуыр уд зоны, ахæм мыггаг ис æви нæй! Кæд уыцы мыггаджы алы фехъуыстæн уыйас тынг риссыс æмæ ихсийыс, уæд дыл æцæг мæгуырыбон куы уыд æмæ уыдзæн амæй фæстæмæ дæр: уыцы мыггаг батары уæвинаг нæу цыма, уыйау мæм зыны. Цæрæнбонты дæр афтæ у: сфæлдыстадон дзæдæлæй знагдæр курдиатæн нæй, йæ туг ын дойныйæн бануазид! («Из поколения в поколение масса бездарностей стремится уничтожить или сравнять с собой горстку талантливых людей». — Энгельс). Æгурдиат поэтгæндтæй В. В. Маяковский загъта: «Что гово- рить о лирических кастратах?!» «Кастратах» иронау, æвæццæгæн «æрдызт» у, «дзæбæхгонд». Æз та йæ дзæдæл фæхонын. Ам мæ зæрдыл æрбалæууыд мæ раздæры фыст иу эпиграммæ (строфа мыхуыр- гонд никуыма уыд): Хæлæггæнгæ нæлгуистытæм, Ысгæпп кодта нæ дзæдæли. Бæргæ хъуыди уым истытæ... Фæлæ йæ гæпп фæдзæгъæл и! Номдзыд лæгты мармæр къæй раппар, зындгонд мыггаг Иры- стоны мыггæгты хыгъдæй сис — уыдон стыр фыдракæндтæ сты. Уæддæр цæмæн афтæ тынг йæ ныхмæ лæууыдысты? Цæмæн архайдтой йæ фесафыныл? Сæйраг æфсон у уыцы иунæг: фыссæгмæ чи бæллы, фæлæ фыссæг суæвын йæ бон кæмæн нæу (графоман, литературон дзæдæл), уый цыдæр хуызы раст фен- къары йе ’нæбондзинад, йæ хуыскъ, æмæ хæлæгæй скъуыйы курдиатмæ, кæсы йæм сау знаджы цæстæй.
МЕ ’ФСЫМÆР ÆМÆ ИННÆТÆ Фæдысмудджытæн сæ фылдæр, сæ сæйрæгтæ, сæ амидингæн- джытæ уыдысты (æмæ ма дзы ныр дæр и) фысджыты ’хсæн. Фæлæ сæ иу хицæн кæны се ’ппæтæй. Уый агъуыд сæпгæнаг куыддæриддæр уа, афтæ зылд йæ фæдыл, иннæтæй фылдæр базиан кодта поэты сфæлдыстадæн, йе ’нæниздзинадæн, йæ бинонтæн, сæ мад Агънианæн (уый уацмыстыл фыдаудæн кæнынмæ дæр бавдæлон и)... Æмæ цæй тыххæй афтæ кодта, уый дæр иуафон радзурын æмбæлы, мæнæй афтæ... Уæдæ хъусут. Салыгæрдæны, Æрыдойнаг, зæгъгæ, уыцы уынджы цардысты бинонтæ: дыууæ лæппуйы, мад, фыд. Фæныхилаг, дам, уыдысты искæй маргъмæ, аскъауинаг цы ссардтаиккой, уымæ, суанг цæттæ кусарты къабазмæ. Сусæггаг нал уыд уый сыхæн... Уыцы уын- джы 21-æм хæдзар та æрæджы балхæдтой Цæрукъатæ. Афтæ раййæфта, æмæ фæныхилаг бинонты хистæртæй иуы давгæйæ æрцахстой сыхæгтæ, йе ’фцæгыл, дам, ын кæрчыты хал къæхтæбастæй æрцауыгътой æмæ йæ иннæ адæммæ дæр равдыс- той уынгты... Тæрхондонмæ цыдаид хъуыддаг. Уымæй тæрсгæйæ, уыцы бинонты мад йæ хистæр лæппу æмæ сæ ног сыхаг Цæрукъаты Хъасболаты бинойнаг Бутаты Дуняимæ бацыд Октябры уынджы Бутаты Будзийы хæдзармæ, уымæн æмæ уыцы бон уыдонмæ уыди районы тæрхондоны кусæг Цæрукъаты Ибрагим (Будзийы бинойнаг Фаризæт Ибрагимы фыд Хъæрæсейы хо уыд): Дуня хъуамæ йæ тиуимæ мад æмæ фырты цур аныхас кодтаид æмæ давды хабар æвзæрстмæ ма ’рхæццæ уыдаид. Уымæн, æвæццæгæн, саразæн нал уыд... Фæлæ та дзы Алыксандрмæ æрхауд йæ фæстиуджытæй: Цы райсын хæрзиуæг? — Мæнг дауты фыдтыфыд. Æддæсон, хæрзиунæг, Кæркхъусты дзыхы ’фтыд... Æмæ кæркхъусæй дамдзыд бинонты хистæр фырт Дзæу- джыхъæуы Алыксандримæ иу рæстæгыл ахуыр кæнын куы рай- дыдта, уæд, нæ фыды æрцахсыны хабар фехъусгæйæ, йæ цæфыл бацыд Алыксандрмæ æмæ йын афтæ: «Ныр дын дæ фæндæгтæ æрæхгæндзысты!» Æмæ йæхæдæг уыцы бонæй йæ амæлæты бонмæ стыр хъазу- атæй фæцархайдта поэты зарæг æмæ ном счъизи кæныныл. Фæлæ «зæриныл цъымарайы лами куы ’ртæдзы, — нæ дзы кæны чъизи». 2001.31.03.
ФЕДОР ТЮТЧЕй: 200 ЙШ Федор ТЮТЧЕВ ДÆХИ ДУНЕЙЫ ЦÆР ЗНÆЫТГОМ1 Дзыхылвæстæй, æхгæд-зæрдæйæ цæр, Дæ бæллицтæ дæ зæрдæйы нывæр. Ыстъалытæй мæйдар æхсæвты арв Куыд рарттивы, дæ риугуыдыры арф Дæ монцтæ афтæ рухсгæнгæ кæсой, Æдзæмæй дын-иу удæнцой хæссой. Зæрдæйы бон йæхи равдисын нæу, Уæд ма æндæр куыд бамбардзæни дæу? Æмбæхстæй хъуыды раст вæййы, æцæг, Фæзæгъæм æй — æмæ та свæййы мæнг. Ызмæстæй суадон лакъон у, мылаз, Йæ сыгъдæгæй та... Нуаз æмæ дзы нуаз. Дæхимæ хъус, дæхи дунейы цæр — Кæлæнзæлтæй, æрдаг хъуыдытæй сæр У йемыдзаг, дæ мондæгтæ сæ ис; Æддæ та бæстæ — хъæр æмæ фæдис, Йæ тых æвзары — ницы у дæ бон: Æнцад æм хъус — о, хъусæй лæууын зон. 1830 * * * Цæй монцтæ ма! Дæ цæстырухс —- мынæг, Дæ митæ дæр, дæ ныхæстæ дæр — мæнг. Æдзард быдыргъо, уд дæр дæ куы нæй! Мæнæйуый, багъæц, бафæраз лæгау; Йæ фæлдисондты не ’рцæры Хуыцау! Цы пайда ма и кувынтæй, лæгъстæй! 1836 азы апрель 1 ЗПепГшт (лат.) — хъусæй лæууын, мадзура уын.
ДÆХИ ДУНЕЙЫ ЦÆР 1854 АЗЫ СÆРД Цы сæрд у, гъæй-джиди, цы сæрд! Ысчындис а зæххæн кæлæнтæ. Кæм уыдис ацы рухс æвæрд? — Кæны уæлдунетæй лæсæнтæ. Æрцардта хуымтæ, хъæдтæ, фæз. Æрттивы цинæвдылдæй бæстæ. Кæсын æм катайгæнгæ æз Æмæ йыл не 'уУæнДьш æххæстæй... Уæу-уау, куы бавæрой сæ уаргъ Фыдазтæ хъалонау нæ удыл, Уæд ма кæцæй бандавой мах Чызгайæн йе ’рвон каст, йæ худын?., 1854 азы август * * * Вæййы нæ царды исдугтæ — Дзыхæй сын нæй зæгъæн. Кæныс дæ сæнтты зилдухтæ, Цъæх дуне дын —- хæтæн. Кæсынц уæларвмæ бæлæстæ, Сæ талас рындзтæ — рухс. Æрвон мæргътæн сæ хъæлæстæм Æргъæвд зæрдæйæ хъус. Фæтары сты зæххон зынтæ, Уæли-дæлитæ, мæт. Зæрдæмитæй, æхцон фынтæй Дæ цард ысси дзæнæт. Дæу бацис арв, уæлæмæ дзы Хæссы дæ базыр дæу. Кæны дæ уд рæдзæ-мæдзæ, — О рæстæг, цъус фæлæуу! 1855 (?) 8 Мах дуг № 12, 2003
Т7%0 ^». Федор Тютчев 1^=^^ * * ’к Нæ хай нæ вæййынц алы хатт фыдфынтæ: Æрцыдис уалдзæг — тауы хур йæ тынтæ. 1864 азы 12 апрель * * * Дæуыл-иу мысыдысты даутæ. Æз та мæхинымæр дзырдтон: Ды — стъалы, а зæххæн æвгъау дæ, — Уæ хай, фыдæвзæгтæ, — фыдбон! Æргом, æнæаипп — дæ митæ, Æнæхин — де сныхас, дæ худт. Цæры зæды зæрдæ дæ мидæг, Рæсуг, сæууон арвау, дæ уд. Æмæ фыдæвзаг æмæ зинæй Дæуæн, нæфæтчиаг, нæу тас. Дæ хил, дæ цокора —- зæринæй, Æфтауы зæрдæйыл фæлмас. 1865 азы 21 декабрь * * * Кæс-ма, уыраугæ хурмæ скалдта Йæ хуызтæ мин-минтæй нæ хъæд. Куыннæ уа райдзаст æмæ хъал та — Æрцыд ын фарны дуг, дзæнæт! Йæ тарфмæ бахизæм, æрбадæм. Ам суадон уидæгтыл тыхсы, Кæны дыбал-дыбултæ, батæ Æмæ сын удыхос хæссы. Нæ сæрмæ къох-рындзтæм лæдæрсы Рæфтон хур, хъары сын йæ уарзт. Рæстæггай рог уддзæф æрхæссы Уæлæрвтæй цæргæсты хъæрахст. 1857 азы август
ДÆХИДУНЕЙЫЦÆР ^Йй2® * * * Кæд иу уды дæр батавта дæ дзырд, Дæ дзырдæн скодта иунæг уд дæр аргъ, Уæд зон: дæ тухи дзæгъæлы нæ уыд, Æмæ хæсдзынæ рогдæрæн дæ уаргъ. 1866 азы 1 мартъи ’к ’к ’к Дыууæ тыхы, дыууæ сары нæ сæрмæ Æлвæст кæрдтау, — мах бавзарæм зындон Нæ райгуырдæй нæ ингæны къæсæрмæ: Мæлæты тæрхон, Адæмы тæрхон. Сæ цуры мах æдых æмæ æнæбон, — Æнæсæттон, æбæрн ысты, тæрных. Æмæ кæнынц æгъатырæй сæ кæнон, Сæ сонт уынаффæ ахгæны нæ дзых. Уæддæр Мæлæт æнæхиндæр у, растдæр: Æнаххос дæ, цагъар æви æлдар, — Йæ цæвæг ныл æнауæрдонæй раскъæры, Ыскæны нæ æмсæр æмæ æмбар. Уæд адæм та? Хæдбар хъуыдыйæ, тохæй Уый йе сæфт уыны, срæмудзы йæ маст, — Æнæсæрфат! — хуыздæр æфсиртæ, оххай, Ысрæдувы сæ бындзарæй æваст. Æмæ, о хъал, æдзæф лæппу, æрыгон, Цæхæрзæрдæ нæрæмон гуырд, æргом, — Дæ сæр мын сар! Æркодта дыл тыхы бон, Ды хъахъхъæныс фæчъизийæ дæ ном. Дæ раст уды, дæ фидауцы æхсарæй Сæрыстыр дæ, æгæрон у дæ ныфс. Хæлæг æмæ хæрамы цотыл барæй, Сæрæй хъазгæ, былысчъилтæ кæныс.
122*3^. Федор Тютчев Цы хъом дын ысты хахуыр æмæ фидис, Æртхъирæнтæ, фыдгой æмæ æлгъыст? Æрцæгъдыс сæ рыджы муртау, фæфидыс Фыдтæ хæрзтæй — дæ хъысмæты и фыст. О, сар дæ сæр, æнæхинтæн сæ уаздæр, Ныккæлдзысты дыл аххостæ зæйау... У адæм афтæ: басудзы йæ азар Йæ хуыздæры — кæмæ и фарн, æгъдау. 1869 азы мартъи * * * Вæййы æвирхъау сау бонтæ — ныббырсы Нæ къабæзтæ æгъатыр низ, æлгъаг, Нæ удыл катай-удаист æртыхсы, Фæцъиры нын æнæвгъауæй нæ туг. Ныххуыссы цард æдых уæнгтыл пъæззыйау, Æвдæрзы нæ, фæкæны нæ хуыдуг. Тæхудиаг у, ахæм бон Хуыцау Кæмæ ракæсы рухс цæстæй, рæдауæй Кæмæ рарвиты арфæйау æмгары. Æмгары арм — æвдадзы хос, йæ хъармæй Нæ къабæзтæй фæлидзæг вæййы пъæззы, Æфхæрд, æргъæфст уд цадæггай æртæфсы, Æрбайсæфынц йæ маройтæ, йæ тарст, Æрыхъал вæййы цард æмæ та уары Йæ цинтæ зæххыл, зæрдæ та æнкъары, Æууæнды зæрдæ: ис рæстдзинад, уарзт. 1873 Хъодзаты Æхсары тæлмацтæ
«1ййх дуджы» рявдыет Тæбæхсæуты Бало.
©2^^^ Саударæг ус. «МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ Мамсыраты Дæбе. Дудараты Всроиикæ.
«МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ й-гÆЗЪ 24 Дзанæгаты профессор. Дзæрæхохты Хадзымурат. Ихсыд бæлццон.
«МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ Ирон кафт. Футболисттæ. Иссæ.
«МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ Созанаты Гадæкко. Фыййау.
«МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ Базарæй цæугæйæ. Хæстон радист. Кадæггæнæг.
йрвиетон БÆЛАС: ДÆ РЫНТÆ ДЫН БАХÆРОН, АДÆЙМАП Цынæ дæсныйад ис зæххыл, цынæ: зæгъæм, мæскуыйаг Вик- тор Слепцов у биоэнергетик. Адæмы дзæбæх кæны бæлæстæй — уыцы хосгæнæн мадзал чи дендротерапи хоны, чи та друидо- терапи. Бæлас удгоймаг у, бирæ цыдæртæ æмбары, зæрдæ кæмæн нæй, ахæм къуырма хъæд нæу, зæгъы Виктор. Бæлæсты фæрцы сæхи адæм дзæбæх кодтой рагон Уæрæсейы дæр, апойнæгтæ та афтæ нымайынц, хъуамæ, дам, афæдзы дæргъы алчидæр хъæды мидæг арвита 240 сахаты бæрц. Алы бæлас дæр ныл йæхирдыгонау сахады, ахъаз кæны, нæ равг, нæ буары куыст, нæ зæрдæйы цавд æмæ нæ туджы æлхъыв- дад цæмæй нывыл уой, уыдæттæн. Алкæмæн дæр нæ йæхи хæрзгæнæг бæлас ис, ноджы ма, цы мæй æмæ цы бон райгуырдтæ, уымæй аразгæ у бæласы хосы хъару, уымæй аразгæ сты йæ дзæбæхгæнæн фæрæзтæ. Кæмæн кæд цы бæлас у пайда йе ’нæниздзинадæн, уый, чи кæд райгуырд, уымæ гæсгæ, Слепцов мæйгай æмæ бонгай сбæрæг кодта: январь — 1 бон — фæткъуы бæлас, 2 — 11 — соцъи, заз, 12 — 24 — хъарман, 25 — 31 — кипарис. Февраль: 1 — 3 — кипарис, фатхъæд, 4 — 8 — цъуй, сусхъæд, гæдыбæлас, 9 — 18 — кедр, 19 — 29 — нæзы. Мартъи: 1 — 10 — хæрис, 11 — 20 — сусхъæд, тæгæр, 21 — 30 — æнгуз. Май: 1 — 14 — гæдыбæлас, тæфхъæд (жасмин), 15 — 24 — каштан, 25 — 31 — кæрз. Июнь: 1 — 3 — кæрз, 4 — 13 — фатхъæд, 14 — 23 — инжир, 24 — бæрз, 25 — 30 — фæткъуы, тæгæр, инжир. Июль: 1 — 4 — тæгæр, фæткъуы, 5 — 14 — заз, 15 — 25 — хъарман, 26 — 31 — нæзы, кипарис. Август: 1 — 4 — сусхъæд, кипарис, 5 — 13 — гæдыбæ- лас, 14 — 23 — нæзы, 24 — 31 — фæткъуы, æнгуз. Сентябрь: 1 — 2 — æнгуз, æхсæр, 3 — 12 — хæрис, 13 — 22 — сусхъæд, 23 — чылауи, 24 — 30 — тулдз, сусхъæд. Октябрь: 1 — 3 — æнгуз, æхсæр, 4 — 13 — цъуй, 14 — 28 — тæгæр, 29 — 31 — æнгуз.
(Щ^Щ^^ АРВИСТОН Ноябрь: 1 — 12 — заз, 13 — 21 — каштан, 22 — 30 — кæрз. Декабрь: 1 — кипарис, кæрз, 2 — 11 — фатхъæд, 12 — 21 — инжир, 22 — тæрс. Ацы бæлæстæ се ’ппæт Ирыстоны нæ зайынц. Æмæ цæмæй, иу бæлас кæцы бæласæй ис баивæн, уый базонай, уымæн та ис ахæм мадзал: фольга алыг кæн фæтæнмæ — 2 — 5 æмæ дæргъмæ та 10 — 12 миллиметры, дæ армы йæ слæгъз кæн, ныххæц ыл амонæн æмæ стыр æнгуылдзæй, стæй сабыргай бæласмæ бацу, фольга йæм хæстæг бахæсс. Кæд æм йæхи иваза, уæд уыцы бæлас энерги цъирæг у, кæд æй йæхицæй ссона иуварс, уæд та бæлас йæхæдæг дæтты энерги. Кæй зæгъын æй хъæуы, дзæбæхгæнæг бæлæстæ горæтты æдде агуринаг сты, æмраст зæнгджынтæ. Сбад зæххыл йæ быны, æрбахъæбыс кæн бæлас, дæ риу æмæ йыл гуыбынæй бандзæв, дæ къæхтæ фæйнæрдæм акæн, зæнгæй метрырдæг дарддæр куыд уой, афтæ. Уæд, дам, дæ уый хиздзæн атеросклерозæй, ахсæны куыст фæхуыздæр уыдзæн, дæхи хуыз- дæр æнкъардзынæ, зæрдæ дæр фидардæр кæндзæн. Дзуццæ- джы куы сбадай æмæ дæхи дæ фæсонтæй куы балхъивай бæласмæ, уæд та, дам, уый ахъаз у стыр тугдадзинты æлхъыв- дад банывыл кæнынæн, радикулит фесафынæн, уыргтæн. Чъыл- дымздæхтæй куы слæууай бæласмæ, дæ къухтæ дæ синысæртыл æвæрдæй, дæ къæбутæй æмæ дæ фæсонтæй дæхи бæласы цъармæ балвасгæйæ, уæд та уый ахъаз у стресс сисынæн, дæ хъарутæ фæдывæр кæнынæн, нефрит æмæ остеохондрозæй фервæзынæн. Æппæты разæй та бæласæн зæрдиаг салам раттын, исты рæвда- уæн ныхæстæ йын зæгъын æмбæлы. Алцæмæн ахъазгæнæг бæлас та у бæрз, уый æрмæст йæ уындæй дæр лæгмæ хорз хъуыдытæ гуырын кæны. УЫЙ ДЫН ДЗЫ ФÆЛХАС! Мæнæ дæрдджын фæсарæйнаг дарæс кæм уæй кæнынц, уыцы дуканийы иу мæгуыр лæппу сæрак къурткæ балхæдта. Сæхимæ куы ’рбацыд, уæд æм лæмбынæгдæр æркаст — йæ дысалгъ йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, æгæр бæзджынгомау цыма уыд. Йæ хуыд ын райхæлдта, рафæлдæхта дыс иннæрдæм æмæ... Æмæ дын дзы кæрæдзийы фæдыл сæдæгай доллæры гæххæттытæ фондз куы ’рхауид! Цы сфæлхас кодта, уый дыууæсæдæ хатты
АРВИСТОН ^^кЙ^^Я^ фылдæрæй райста, къурткæ дæр йæхи. Уæдæ, мæгуырмæ дæр æнæнхъæлæджы амонд фæкæсы... ХУЫЦАУ ЫН ÆЙ АМОНДДЖЫН УС ФÆКÆНÆД Багладешы цæрæг Азхар Ханыл сæххæст 80 азы. Æмæ та йæ ног ус — цыппор цыппæрæм! — курын бахъуыд. Иннæтæй йын чи мæлгæ акодта, чи дзы æндæрмæ фæлыгъд, кæй йæхæдæг атард- та. Фæлæ йæ ныр, цыппораздзыд Ала Кхатум йе ’цæг амонд кæй у, уый уырны. ФÆТÆДЖЫ ФÆСТАГ АМÆДДАГ Дард цæгатаг хъæу Шушенское кадджын æмæ цытджын у советон адæммæ: ардæм хаст уыд дунейы пролетариаты уарзон фæтæг Ленин. Фæлæ нырыккон Уæрæсейы адæм цы сты, уый бæрæг сын нæй, æмæ нал зилынц фæтæджы цыртытæм. Ацы хъæуы йын цы æхсæз метры бæрзæндæн цырт лæууыд ныронг, уый дæр схæрог, ныззæронд. Гъемæ уый азарæй стыр фыдбылыз æрцыд: хъæууон-хæдза- радон колледжы студент Павел Керберов сбырыд цыртдзæвæнмæ, мæ къам, дам, Ленины гипсæй конд къух куыд æлхъивын, афтæмæй сисон, зæгъгæ. Æмæ... Ленин фæдыдагъ, рафæлдæхт æмæ йæ быны ныххуыдуг кодта мæгуыр лæппуйы. Хорз, æмæ Дзæуджыхъæуы бæстастæу цы Ленин ис, уый нырма фидар лæууы йæ къæхтыл æмæ хæстæгдæр рæстæджы нæ рафæлдæхдзæн, хынджылæггаг æй чи фæкодта, уыцы зынгзæрдæ коммунисттыл — æхсæнад «Тох»-ы уæнгтыл: уыдон ын йæ по- стаментæй кæд æмæ сæхицæн сарæзтой сæ хъусынгæнинæгтæ ныхасæн. Афтæмæй та, дам, историон цыртдзæвæн у... ÆМБÆЛÆГГАГ... БЕНЗИНÆЙ Лæг бонæн цы диссæгтæ фехъусы, уыдонæн сæ иу у ахæм: Берлинмæ цавæрдæр эфиопаг лæппулæг уазæгуаты бафтыд, æмæ йæ уд сцæйхауд бензиныл хъырдыгæнгæйæ. Сæ машинæты йæ чи кодта, уыдонмæ ’рхатыд, исчи ма мын æмбæлæггаг уæддæр авæрæд, зæгъгæ. Радтой йæм шланг æмæ дзы раст иу къæртайы
Ш>^^ АРВИСТОН \\ хл,х,.^^Г^?Ые- -<*_...._ . „ __ . __ .. __ дзаг нынцъыхта, йæ былтæ асæрфта æмæ уартæ хъæлдзæгæй фæцæуы. Хъахъхъæдтой йæ, уæдæ йын ницы уаид, зæгъгæ, фæлæ йын æппындæр ницы уыд. Советон адæмы уарзон артист Юрий Ни- кулин та йæ иу æмбалы тыххæй афтæ дзырдта: — Хæсты размæ Валя куыста цирчы артистæй. Хæсты за- ман та фæтæген скуынæг æмæ бынтон сзынаргъ, хъæугæ та тынг кодта, уæлдайдæр керогазтæн. Гъемæ-иу базары Валя фæтæгенуæйгæнджытæм бацыд æмæ сæ-иу бафарста: «Кæй фæтæген уæ у карздæр æмæ хæрзаддæр?» Уæйгæнджытæ йæм хъæр кодтой, мæнон ма фен, мæнон ма фен, зæгъгæ. Иу схæстæн-иу Валя æртæ литры балон банызта, раппæлыд дзы- иу æмæ-иу ацыд. Базары æдде-иу фæтæген канистрмæ скалд- та æмæ та-иу ын къорд бонты сфаг хæринаг кæнынæн, цы- рагъæн. ЗЫН БАУЫРНÆН У, ФÆЛÆ... Турчы зæрдиагæй уырнæг адæм цæры, ай-гъай. Фæлæ æрæджы иу чысыл горæт Яхьяйы мэр уынаффæ рахаста: « Амæй фæстæмæ нæ мæрдты ныгæндзыстæм уырдыглæугæйæ. Науæд нæм уæлмæрдæн зæхх нал фаг кæны». Адæм сдзолгъо-молгъо кодтой, балæбурой йæм, уымæ сæ бирæ нал хъуыд. Уæд сын уый афтæ: — Мæхæдæг куы ныхъхъæмп уон, уæд мын-иу мæхи дæр афтæ баныгæнут! Адæм æрсабыр сты. КÆЛМСÆР Китайаг Сун Данбунæн бонæй-бонмæ тынгæй-тынгдæр рыст йæ сæр. Мæлынмæ куы ’рцыд раст, уæд æм сæ хъус æрдардтой дохтыртæ дæр. Йæ сæрыкæхц ын систой, æркастысты йын йæ «чыргъæдмæ» æмæ сæ цæстытæ атартæ сты: мæгуыр маоисты сæрымагъзы кæд æмæ æрбынатон дынджыр уаллон. Ахуыргæндтæ куыд загътой, афтæмæй, дам, хъуыддаг афтæ у: китайæгтæ алы хилæгойты хæрынц, гъемæ иу калм кæуылдæр- ты йæ сæрмæ баирвæзт æмæ дзы йæ зæрдæмæ фæцыд.
АРВИСТОН ^^^^Ц2П ФЫРХУДÆГÆЙ АРТÆНХÆЛДТÆ КÆНЫНЦ Пятигорскы иу лæппу æмæ чызг кæрæдзи бауарзтой. Фæлæ лæппу чызджы мады зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ цæхгæр ныллæу- уыд сæ уарзты ныхмæ. Уарзты ныхмæ лæууæн кæй нæй, уый та чысыл сабитæ дæр зонынц. Мад бартхъирæнтæ кодта йæ чызгмæ, ды ма уыцы лæппуимæ иу хатт дæр куы фембæлай, уæд, дам, æз мæхи хæдтæхæгæй раппардзынæн. Чызг дыууæ нал загъта мады ныхæстыл. Стæй иуахæмы сæхимæ æд ног чызгæмбал æрбацыд — Таняимæ. Ахæм хæрзæгъдау, ахæм уæздан чызг уыд, æмæ дзы мады зæрдæ баз- зад. Загъта йын: — Таня, куы дæ фæнда, уæд-иу æхсæв дæр баззай махмæ — уадз æмæ мæ чызг æнкъард ма кæна, йæ уарзон лæппуйы мысгæйæ. Чызг ын бузныг загъта, æцæгæй дæр сæм-иу хатгай бахсæви- уат кодта. Фæлæ дын иуахæмы мад, адон цæуыл ныхъхъус сты, зæгъгæ, гуыдыры хуынкъæй мидæмæ бакасти. Æмæ фæзæрдæхъарм: дыууæ бæгънæг чызгæй иу йæ кæнгæ риутæ æмæ дзыккутæ иуварс фехста æмæ... Цы ма гæнæн уыд мадæн — ратта йæ чызджы хин æмæ кæлæн лæппуйæн. Пятигорскы цæрджытæ та ныр æртæ мæйы дæргъы артæнхæлдтæ кæнынц, уыцы хабар кæрæдзийæн ногæй-ногмæ дзургæйæ. АРСЫ АРФÆ Кировскы облæсты ис хъæу Оса. Уымæ хæстæг хъæды æрцыд æмбисондæн хæссинаг хабар. Иу лæг зокъодзуан ацыд. Æд дзаг чыргъæд куыд рацæйздæхт хъæумæ, афтæ йæ хъустыл æнахуыр уынæргъын æрцыд. Аракæс- бакæс кодта æмæ иуварс стыр дзыхъхъ ауыдта, бацыд æм, нык- каст æм, æмæ дын дзы далæ арсы лæппын сбырыныл тухæнтæ кæны, фæлæ йын ницы ’нтысы. Лæг хус бæлас ссардта, æрбахаста йæ æмæ йæ дзыхъхъы ауагъта. Арсы лæппын ыл хæрдмæ сбырыд рæвдз-рæвдз. Фæлæ дын уалынджы пыхсытæй ралæгæрста лæппыны дынджыр мад, йæ фæстæгтыл слæууыд æмæ фæцæуы лæгмæ. Алидзын ын кæй
(и^^^-^ арвистон нæ бантысдзæн, уый бамбæрста мæгуыр лæг æмæ ма йæ цæстытæ бацъынд кодта, йæхи Хуыцауыл ныффæдзæхста. Уалынджы йын чидæр йæ ных æнахуыр дæрзæг æвзагæй ас- дæрдта. Лæг байгом кодта йæ цæстытæ — нæдæр мадæл арс, нæдæр йæ хъæбул. РИФТАГ Ныхас алы фыдгойгæнджытыл рауад, йæ масты фæдыл цæугæйæ, уаг, намыс, ирон лæджы æфсарм кæмæй ферох вæййы, фаджысы рагъы фæстæйæ хæцын чи райдайы, ахæм худинаггæн- джыты тыххæй. Уæздан æмæ уæзбынæй йæ ныхас загъта Хъай- тыхъты Азæмæт дæр. — Бынтон æвзæр, былæй аппаринаг ничи у, алкæмæ дæр ра- зыны исты хорз миниуджытæ. Фæлæ маст лæджы саугуырм кæны. Лæгæн та, искæуыл бахудыны размæ, йæхимæ фенын фæхъæуы... Мæ фыд-иу афтæ дзырдта: «Лæджы æккойы йæ цæргæцæрæнбонты рифтаг ис, хордзен. Йæ иу цæсты дзы лæгæн сты йæхи хъæнтæ, æмæ рифтагæн уыцы цæст æппæрст у лæджы фæсонтæм. Иннæйы та сты кæйдæр хъæнтæ, раззаг цæсты ома — уый нæ алкæмæн дæр йæ риуыл ис, æдзухдæр нæ цæстыты раз. Æмæ уыйадыл лæг йæхи хъæнтæ нæ уыны». къарол 76-аздзыд Рама XI Пумипон Адульядет Таиланды къарол у 1946 азæй фæстæмæ. Ис ын фырт æмæ цыппар чызджы. Тайæгтæ йын раст сæ бардуагау кад кæнынц, сæ хуыцауы хайыл æй ны- майынц. Алы райсом æмæ æрвылизæр дæр сæ гимн куы фæцæгъды радио, уæд, ма сыст, уый амоны къаролæн кад не скæнын. О, æцæг къарол кусæг лæг у: йæ цæст дары скъолатæ æмæ рынчындæтты уавæрмæ, аразы ног пълантæ, адæмæн цы хуызы æмæ куыдæй ис баххуыс кæнæн, уый тыххæй. Иттæг дæсны у къамтæ исынмæ — скæны равдыстытæ. Уымæй уæлдай ма уар- зы музыкæ дæр, ныффыста мюзикл, сæвæрдтой йын æй Брод- вейы театры. Тайаг æвзагæй уæлдай ма зоны францаг, немыцаг, англисаг æвзæгтæ дæр. Фæстаг 30 азы иу фæсарæйнаг бæстæйы дæр нæ уыд.
АРВИСТОН ^^^^29^) Хъуыддаджы фæдыл кæй бауадзы йæхимæ, уыдон æм бацæ- уынц... сæ уæрджытыл, суанг министртæ дæр. Хицаудзинад чи уарзы, уыдон, хæрзаг, зæгъынц: — Мах æм не рагъы нуæрттыл дæр бабыриккам, æрмæст нæ сминистртæ кæнæд! НОБЕЛЫ ПРЕМИЙЫ ЛАУРЕАТ 2003 азæн литературæйæ Нобелы премийы лауреат сси хус- сарафрикаг фыссæг Джон Максвелл Кутзее. Æмæ уый дæр кæуылты сгуыхт у, фæлæ ма дунейы мидæг æрмæстдæр Кутзе- ейæн бантыст бритайнаг Букер дыууæ хатты райсын — 1983 æмæ 1999 азты. Бирæ хæттыты йæ бавдыстæуыд Нобелы премимæ, фæлæ та-иу йæ хъуыддаг нæ ацыд. Ныр ралæууыд уый рад дæр. Уæрæсейы йын мыхуыры рацыд дыууæ чиныджы — « Осень в Петербурге» æмæ «Бесчестие». Дыккагроманы сæйраг архайæг у, йæ сауджын фыды фашисттæ кæмæн амардтой æмæ уæд йæхæдæг дæр фашист чи ссис, ахæм æнæнамыс адæймаг. НОГ АЗ АЛЫ БÆСТÆТЫ Рагон Китайаг Ног аз нымад уыд мæгуыргурты бæрæгбоныл: алкæй бон дæр сæ уыд кæцыфæнды хæдзармæ дæр бацæуын æмæ йæ цы бафæндыдаид, уый дзы рахæссын. Фысым ын куы нæ лæвæрдтаид уыцы дзаума, уæд ыл адæм бахъоды кодтаиккой. Финляндийы Ног азы ’хсæв чызджытæ сæ басмахъхъытæ сæ уæхсчы сæрты фехсынц — кæд дуарырдæм абада, уæд фидæн аз чызг смой кæндзæн. Махмæ кæд зымæджы бæстастæу вæййы Ног аз, уæд Бирмæ- йы та ралæууы тæккæ сусæны тæвды. Гъемæ алчи дæр арфæ- йагæй баззайы, исчи йыл, бæрæгбоныл цингæнгæйæ, къæртайы дзаг уазал дон куы басæххæтт ласы, уæд. Гуырдзыйы Ног азы фыццаг бон хæдзармæ ’рбахонынц, йæ хорзы кой кæмæн айхъуысы, ахæм адæмы. Къæсæрæй та æппæты разæй бахизы, уыцы адæмы ’хсæн нымаддæр чи у, уый. Се ’ппæт дæр семæ ’рбахæссынц исты адджинæгтæ. Ног азы лæвæрттæ кæныны æгъдау рацыд рагзаманты Ромæй — сатурнали æмæ календæты бæрæгбæттæй: уæд-иу адæм чызг 9 Мах дуг № 12, 2003
ШО^-^гь^ АРВИСТОН хуыцау Стренийы фæдзæхст къохæй къалиутæ рахастой æмæ сæ кæрæдзийæн лæвар кодтой æнтыстыты символы хуызы. ХÆДОН... ПЫСЫРАЙÆ Бæмбæджы куыст тынг зианхæссæг у æрдзæн. Иуæй йын æгæр бирæ дон хъæуы, иннæмæй бæллæхы гербицидтæ æмæ пести- цидтæ. Гъемæ ахуыргæндтæ бар-æнæбары сæ зондджын сæртæ фæхос- той, цæмæй æндæр исты мадзал æрхъуыды кæной хуымæтæг хъуымац уафынæн. Экологон æмæ экономикон æгъдауæй æппæтæй хуыздæр разындысты гæн, цæгатаг гæн æмæ пысы- райы æндæхтæ, фæлæ гæны æндæхтæ бирæ дæрзæгдæр сты. Æмæ уæд пысыра скадджындæр — фæлмæн æмæ дарийау сатæг хъуы- мац кæнынц уый æндæхтæй Италийы. Диссаджы хæдæттæ хуыйын дæр дзы райдыдтой. ТÆХГÆ-ТÆХЫНЫ УАРЗТ Нæл бындзы цæсты, дам, ис сæрмагонд хайыгтæ — куыддæр йæ цурты сыл бындз фæцæйтæхы, афтæ йæ уыдоны фæрцы ра- иртасы! Хъуыддаг та сбæлвырд кодтой Кембриджы ахуыргонд иртасджытæ, Саймен Логхлин æмæ Брайан Бертон. Ноджы сыл бындзы нæлтæ фæфиппайынц 76 сантиметры дæрддзæфмæ æмæ йæ тæхгæ-тæхын асайынц чындзуаты. Сыл бындз та уыны æрмæстдæр 36 сантиметры дæрддзæфмæ. ÆВЗÆГТÆ - СÆФТЫ КЪАХЫЛ ЛÆУД Зæххы къорийыл цы ’взæгтæ ис, уыдонæн, дам, сæ 90 процен- ты сæфты къахыл лæуд сты. Уæлдай тæссагдæр у Кæройнаг Цæгат æмæ Дард Хурыскæсæны чысыл адæмты ’взæгтæн. Фæлæ, кæд сæ уавæр бæллæхы, фæдисы уавæр у, уæддæр ма сæ фервæ- зын кæнынæн ис мадзæлттæ саразæн, — ахæм хатдзæгмæ ’рцыд æрæджы Уæрæсейы наукæты академийы президиум. Цæгатаг чысыл адæмты ’взæгтæ лыстæг нымадæй сты 40 бæрц, алкæмæн дæр дзы ис йæхи абетæ, кæд дзы хæдбындур дыууæ адæмы уонтæ йеддæмæ не схондзынæ, уæддæр. Æрмæст сæ, зæгъæн ис, æмæ никæй фæнды йæ рухсыбадинаг фыдæлты æвзаг ахуыр кæнын — цæмæн, дам, нæ хъæуы...
АРВИСТОН &йя2ЬР Нырыккон царды æууæлтæ ахæм сты, æмæ хъуамæ æнæмæнгæй зонай зынгæдæр æвзæгтæ — нæ бæстæйы та ахæмтæ сты уырыссаг æмæ англисаг, ноджы ма англисаг æвзаг йæхи айтыгъта æппæт дунейыл дæр, у бизнес æмæ информацион тех- нологиты сæйраг æвзаг. Хи зæххыл титулон æвзаг чи у, уый та æрыгæтты цæсты ницы ахады, уымæн æмæ, дам, хи къæсæрæй дарддæр никæм хъæуы, ницы пайда у. Афтæмæй та уыцы мæлдзой æвзæгтæн сæ фылдæр уникалон сты. Сæ бæсты цы ныхасыздæхтытæ фæзыны, уыдоны бон нæу лæджы хъуыды æххæстæй зæгъын. Уæдæ кæд горæтаг дæс- фынддæс зайæгхалы ном йеддæмæ нæ зоны, уæд хъæуы цæрæг та ранымайдзæн цалдæр сæдæйы. Фæлæ фæстаг рæстæджы чысыл- гай хъуыддаг иннæрдæм цыма здæхы — цы ’взæгтæ амард, уыдон фæстæмæ æгас кæнынц. Паддзахад иуты фарс дæр нæу æмæ иннæты фарс дæр, æппæт дæр адæмæн сæхицæй аразгæ сси — ис уæм фыдæлон æфсарм æмæ уæ хъæуы уæ номгæнæг æвзаг — ма йæ рох кæнут, архайут йæ хæрзæбоныл. Стæй — иннæрдæм... АФОНМÆ ЗИЛГÆЙЫ (Æнæнхъæлæджы рæнхъытæ) Афонмæ Гамир кæйдæр сæгъты ратæры йæ цæхæрадонæй, йæхицæй æлгъиты æмæ дурадзагъдæй... Фæлæ куы нал ис, куы нал — рухсаг уæд!.. Афонмæ Госæда йæ къамбецты размæ гуыбыр-гуыбыр рацæ- уы, йæ сины сæртæй хъæрзгæйæ, æд къæдз лæдзæг... Фæлæ куы нал ис, куы нал — рухсаг уæд!.. Афонмæ Хъæстион Хъызмыдæ ’лгъиты хицауады йæ бирæ хъалонты тыххæй, стæй цæхх кæй нæй дуканийы, кæй дзы нæй спичкæтæ дæр, ноджы фæтæген æмæ урс цикъæ хъуымац мидæггæгтæ æмæ мæрддзæгтæн’... Фæлæ куы нал ис, куы нал — рухсаг уæд!.. Афонмæ æхсæвгæс Хадзырæт дзыппыдзагæй давы згъæлд нартхор быдырæй, фæстæмæ удаистæй фæкæс-фæкæсгæнгæйæ... Фæлæ куы нал ис, куы нал — рухсаг уæд!.. Афонмæ Бекызæ ’рцæуы йæ сау бæхыл цуанæй, йæ разæй мæ фыды егæрттæ згъорынц — æрдхæрдтæ уыдысты мæ фыдимæ, — æмæ мыл бацин кæндзæни... Фæлæ куы нал ис, куы нал — рухсаг уæд!..
АРВИСТОН Афонмæ Кодзырон Юрик æмæ Борыхъон Хъазыбег баиу сты мæн агур чызгдзуан, нозтдзуан æмæ царддзуаны æмгæрттау иумæ цæуынмæ... Фæлæ... Ох-хай!.. Афонмæ сæ хъомы размæ йæ сырх къабайы рацæуы Дзылаты рæсугъд — Знаретæ, æмæ лæппутæ кæлæнгондæй кæсынц йæ фæстæ, æрмæст дзы иу кæмæндæр уæлдай тынгдæр риссы йæ зæрдæ... Фæлæ уый дæр куы нал ис, куы нал — рухсаг æрбауа!.. Афонмæ Артик йæ вилисапедыл йе ’мгæртты разæй æртæхы, æмæ йæ дынджыр цæстытæ уæлахизы тынтæ хурмæ нывæндынц... Фæлæ... Афонмæ... Нæ!.. Нал кæсы æнхъæлмæ мæзджыты цур горæтмæ цæуæг авто- бусмæ Сафар дæр (мæ кæуындзæг хъуыры нынныхсти), уæд ма чи ис, чи, нæ уæрæхзылд Зилгæйы хъæуы?.. Ног фæлтæр — Æндæр адæм... Гъеуæддæр цæст не ’фсæды дунейы уындæй, фæлæ зæрдæ ныкъкъуырма. Хорз хæдзары номæй мæм æрхатыд хорз лæг: сæ сæрæн гуыр- дæн сын саккаг кæн къухылхæцæгæй ныллæууын...
133 ИРОИ поээийы антопоти
-134- ТОКАТЫАЛИХАН (1893 — 1920) Токаты Алиханмæ ис æмдзæвгæ «Малусæг». Цы- бырæй йæ мидис: уалдзæджы комулæфт ахъардта зæххы, быдыр фæхъулæттæ, æмæ ма кæд уæлдæф уазал уыд, уæддæр «малусæг митæй йæ буц сæр ысдардта», нæ тарсти уазæлттæй, хæцыди митимæ æмæ фæстагмæ «хъалæй, фырбуцæй уый Рухсмæ фæцыд». Æмдзæвгæйæн ис æнæнхъæлæджы кæрон: Хурмæ бæллыд æмæ Рухсы цæръь Малусæг Рухсы йæ мæлæт ыссардта — Хурæй мæлы Алиханæн йæ уацмыстæй бирæты куыд у, афтæ ам дæр ис поэтикон символ: Уалдзæджы, Хуры, Рух- сы сæрвæлтау æнусон хæрам тыхты ныхмæ тохгæнæ- джы фæлгонц ауайы нæ цæстытыл. Поэт йæхæдæг дæр йæуд суæлдай кодта æхсæнады фыдбылызтимæ тохы. Иæ зæрдæ дардта ног царды хурыл æмæ уый «рухсы йæ мæлæт ыссардта»1 . Цæвиттон, Алихан пехуымпарау рагацау базыдта йæ мæлæт. Токаты Инусы фырт Алихан райгуырди Хохы Дæргъæвсы мæгуыр бинонты астæу. Ахуыр кодта сæ 1 Хъуыддагæн чи ницы зоны, иу ахæм мын бауайдзæф кодта, Алихан, дам, тифæй амард, Æхсар та, дам, афтæ фыссы, революци æмæ мидхæсты тымыгъты бабын. Поэт тифæй амарди, зæгъгæ, уыцы хабар уайдзæфгæнæг райста чиныг «Писатели Северной Осетии»-йæ. Уым та рæдыдæй фыст æрцыди, стæй канд уым нæ, фæлæ скъолаты ахуыргæнæн чингуыты дæр. , Æцæгæй дæр Алихан 1920 азы тифæй фæрынчын (революцийы хъуыддæгтæ кæнгæйæ) æмæ хуыссыди сæхимæ, Дæргъæвсы. Æмæ йæ уыцы тыхст са- хат исчи амардта, æви йæхæдæг йæхимæ систа йæ къух, уый баззади \о сусæггагæй. Цыдæриддæр у, уæддæр поэт революцийы цæхæры басыгъд] 1-~ Чиныг «Писатели Северной Осетии» та рæдыдтæй бæз-бæз кæны æмæ |\ Д ногæй нывыл, æнæ сахъатæй, рауадзын афон у. &^-Я
-135- [т+^хъæуы дыууæкъласон дины скъолайы, Санибайы та^ Х-у фæци цыппæрæм кълас. Фæстæдæр æй айстой Бакуйы /о денджызон скъоламæ. Фæлæ йын ницы цин хаста йæ ахуыр, сфæлдыстадон куыстæн дæр ын фадæттæ нæ уыди Ноджы революцион куыстыл фæцалх, æмæйæм иуæй скъолайы разамонджытæ схæрам сты, иннæмæй йæ хæстæджытæ, йæ зонгæтæ. 1916 азы ныууагъта йæ ахуыр æмæ æрбаздæхти Дæргъæвсмæ. Иудадзыг кодта революцион куыст. Мидхæсты рæстæг æхсарджынæй хæцыди деникинонты ныхмæ. 1920 азы Ирыстон дихгонд æрцыди фондз районыл. Алиха- ны снысан кодтой Джызæлы районы ревкомы сæрдарæй. Сæрды райдайæны тифæй фæрынчын, тыхстæй ма сæхимæ бацыд, уымдæр йæ бинонты баййæфта уæззау рынчынтæй. 17 июны боныцъæхтыл Токаты хæдзарæй райхъуысти топпы гæрах Поэт йæхи амардта æви рево- люцийы знæгты къухæй фæмард? Не сбæрæг. Национ литературæйы традицитыл æнцайгæйæ, Али- хан хæрз æрыгонæй биноныгæй сахуыр кодта, йæ зæрдæмæ арф айста уырыссаг æмæ дунеон дзырдаива- ды стырдæр хæзнатæ, уыдон фарн ахъардта йæ туджы, систы йын хицон. Æмæ райгуырди ног аивад-феномен. Нæ нæртондуне æмæ æндæр адæмты поэтикон дунейы кæрæдзиуыл бандзæвдæй цыма цæхæр акалд æмæ уый рухсмæ сæдæ хъуытазау æмæ сæдæ мырмырагау нырт- тывта, ныййазæлыд ирон æвзаг. Дзырдтæн мидæджыр- дыгæйуыди цыренгæнæг тыхтæ — цардбæллон, фæрныг ирон лæппуйы зонд æмæ зæрдæ. Адæмы æнусон удхæрттæй, бæллицтæй дзаг зонд æмæ зæрдæ. Ивгъуыд æнусы æвдайæм азтæй фæстæмæ фæзын- ди цалдæр ахадгæ куысты поэты цард æмæ сфæлдыс- тады тыххæй. Фæлæ йæ аивад нырма биноныгæй иртасинаг у. Скъолаты программæты дæр ын нырæй фылдæр бынат раттын хъæуы. Алиханы уацмысты чиныг фыццаг хатт рухс федта йæ амардæй 40 азы фæстæдæр, «Малусæг», зæгъгæ, г’ ахæм номимæ. Йæ литературон бынтæ тæккæ æххæст- ^) [\\ дæрæй рацыдысты 1973 азы чиныгуадзæн «Ир»-ы ^ С&я
- 136- О&Г6 ЦЫКУРАЙЫ ФÆРДЫГ ХУ Сонет Мæнмæ цыкурайы фæрдыг ныр ис. °^ Æдзух вæййы мæнмæ æппæт, цы курон. Уый нæу зæххон, уæларвонтæй у — хурон, Дзæбæх кæны фыдниз, уый зоны рис. Нæ радта уый мæнæн ыстыр дзуар Дзывгъис, Нæдæр та Сафа, Уацилла, Æртхурон. Æз калмæй байстон уый — уыди фыдхъулон, Цæхæртæ калгæ сау маргæй сыгъдис. Фæндонæй æз фæтæхдзынæн уæларвмæ, Æркалдзынæн нæ зæхмæ Рухсæй тын. Мæ аууон бæстыл райдайдзæн хæтын. Дæлдзæхæн та ныккæсдзынæн йæ арфмæ, Дунетыл таудзынæн рæсугъддæр фын. Æз талынгæн æрхаудзынæн йæ тарфмæ. * * * Мæн сызгъæринтæ нæ хъæуы, Зæрдæ уыдоныл нæ кæуы. Мæн хъæуы æртæх. Уæ, æртæх! Æртæх ды махмæ, Ды æртæх мæ хуымы хахмæ, Уалдзыгон æртæх. Курын. Кувын æз æртæхмæ, Кæд æртæхид уый мæ зæхмæ. Уæ, мæ куывд, фæтæх. Ды фæтæх, мæ куывд, Хуыцаумæ. Уæ, æртæх, æртæх, æрхау-ма, Бапырх кæ нæ зæхх. Зæхх куы бапырх уа æртæхæй, Уæд æрттивдзæни дзæбæхæй, Калдзæни йæ тæф. Фæлмæн кæрдæг уæд цъæх дардзæн, Фæлмæн фынтæ зæрдæ зардзæн Уалдзыгон æхсæв.
- 137- ИЗÆРÆЙ Хъæдмæ мæ тагъддæр фæцæуын фæнды — ^. Зараг цъиу диссаджы зарæг кæны Хъæды изæрæй Бæласы сæрæй... Булæмæргъ, булæмæргъ, ма фæтæх дард, Ма фæтæрс, ма фæтæрс, бæласыл бад. Азар мын, цæй, Ма тæрс мæнæй... Зæрдæ æнцадæй ныр — хъæлдзæг, æнкъард, Диссаджы зардæй мæ зæрдæ æрцард. Хъусын, лæууын, Худын, кæуын... Азар мын, азар мын, булæмæргъ, цæй... Райдыдта, райдыдта тагъддæр, хъæрæй. Ма уадз дæ зард, Ма бад æнцад. Дидинæг, дидинæг, ракал дæ тæф, Диссаджы тæфæй ды дзаг кæн уæлдæф. Рæз мын ды дæр, Тæф кæн фылдæр. Хæхтæй фæтулы, фæтулы нæ хур... Азар-ма, азар-ма, цæй, ды, мæ хур, Уæ, цъиу, мæ бон. Æз ныр кæуон... Хæхтæй нæ хур дæр бынтондæр ныттылд. Мигъ ма сырх-сырхид йæ сæрмæ фæзынд. Тулын æз дæр Хъæды дæлдæр. ФЫЦЦАГ ФÆКАСТЫ УАРЗТ Фыццаг фæкасты уарзт — Æнæтæригъæд маст. Лыстæгмур хуры тын, Дзæнæты царды фын, °* Æнæ дуар, æхгæд.
-138- ГÆнæ фæд-фæды фæд, ТМ Тыхджын арвы гæрах, ^-Л Æнæхуысгæ цырагъ, °\ Æнæмæлгæ мæлæт, Зæрдæуынгæ дзæнæт. АРВЫ ЦÆФ Арв ныццавта тулдз бæласы, арв, Ахызт цæф, йæ цъуппæй уидæгтæм уый ахызт. Арвы зынг йæ зæрдæйы бынтондæр бахызт — Тулдз æвиппайды ризгæ судзы тарф. Уæ, æвиппайды æнæ ныхасæй уарзт, Афтæ зæрдæ ды æвиппайдæй ныццæвыс, Цинæй тагъд дзæнæты ризгæ, судзгæ сæфыс, Дæу нæ уромы мæлæты маст. * * * Хох! Мæ хох, мæ хох, мæ хох, Фесæфай бынтондæр. Рох дæ, рох дæ, рох, фыдрох, Нал уыдзæн зындондæр. Хъæутæ къуыбыртыл цæрынц, С ’алыварс — зæйуæттæ. Дæттæ быдыртæ хæрынц, Хох-лæгæт — нæ уæттæ. Хæхтæй цъититæ кæлынц, Бирæйы фæхæссынц. Хуымтæ сау зæйæ хæлынц, Афæдз дæр нæ хæссынц. Хæхтыл сау зæйæ цæндтæ Миназгай фæкодтам. Дæгъты, къæдзæхты кæндтæ Тухитæй ыскодтам.
-139- >о Калæм сау хуымыл нæ туг, Къахæнтæй фæкъахæм. Афтæ лидзы, згъоры дуг. °^ Сау дуртæ фæлдахæм. Хох — хъæбæр. Сыгъд у, сыд у, Хортæ дзы нæ зайы. Хох зыд у, зыд у, зыд у, Хорæй нæ фæсайы. Хæхтæй рауайы ныл зæй, Нал вæййы хъæбæрхор. Ниуæм талынджы сыдæй. Бахæрæм нæ фæлхор. Стонг, æххормагæй, сыдæй Чъизи цардмæ хъавæм. Мах кæрæдзийæ зыдæй Дур-хъæдур фæдавæм. Фесæф, фесæфай, мæ хох, Фесæфай мын тагъддæр. Ды мæнæй нæ кæныс рох, — Сау цæссыджы ’ртах дæ. ХОХ ФÆЦÆУЫНЦ Гуыбыртæ æмæ æууæнтæхъил, Сæ фыдхуыз цæсгæмттæ — æмпылд, Цæуынц, цæуынц æд урс æвгъил, Цæуынц... Кæнынц æмтылд. Фæдзурынц æврæгътæ: «Хæтæм. Мах арвы бамбæхсæм нæ фисты...» Цæуынц нæ зонгæйæ, кæдæм Мæ хох сæ кæрцыты къæристы.
- 140- Фыдхуызæй арвыл хур хъуызы, Фæтулы æврæгъты, фæтулы... Цæуынц, сæ цард цыма хуыссы, °( Цьша сæ удхæссæг æвдулы. Сæ фæстæ сау хæхтæ кæсынц, Кæсынц, кæсынц, кæсынц æнкъардæй. Сæ фæстæ уарынтæ хæссынц, Цыма фæсурынц сæ сæ цардæй. Сæ фæстæ цъити у æнкъард, Сæ фæстæ сау дзæххор ызгъæлы. Цæуынц, цæуынц... Кæдæмдæр. Дард... Хæры сæ сау ыстонг, æфхæры. Сæ фæстæ дымгæ дæр кæуы, Сæ бызгъуыртæ сын тилы, тилы. Сæ разæй иу гуыбыр цæуы, Сæ фæстæ иу зæронд фæхилы. Цæуынц лæдзджытимæ, цæуынц... Цæуынц, цæуынц... цæуынц ныр дзугæй. Кæмдæр кæйдæр та мын хъæуынц, Кæйдæр æлхæнынмæ сæ тугæй. Зæгъынц, зæгъынц: «Кæмдæр ис хæст...» Сæ фæстæ удхæссæг ныззары... Нæ хур фæныкъуылдта йæ цæст... | Уый фесæфт тары. * * * Хæцаг калм... Лæгæтæй фæздæг. Хæрз сидзæрты цæсгуытæ. Цæуын мæлæтмæ арф, хæстæг. Зæронд амад мæсгуытæ. ^ Æ
- 141- Г Гуыбыр адæм бызгъуырты тыхт, Æд къахæнтæ цæугæйæ. Æрыскъæфт чызг, нæвæдон тыгъд, Зæрдæбынæй кæугæйæ. Мæрдон ысмаг. Куыст-хиды тæф. Зæронд зæппæдзтыл зилын. Æнгузы тæф, хæххон уæлдæф Цæрæнбонты фæцъирын. Кæсын æдзынæгæй фæлмæн, Æргом кæсын мæлæтмæ. Мæ хæлар, адоныл мæнæн Мæ фæндаг у дзæнæтмæ. УЫГ Æхсæв æнцад фæцæйцæуын нæ уынгмæ, Куы ныхъхъус вæййы бæстæ, уæд. Цæуын æнцад фæхъусынмæ нæ уыгмæ. Уæ, уыг! Дæ хъæртæ мæм цæуæд! Дзыназы уыг та, зæппадзæй дзыназы, Ныхъхъуыста зæрдæ йæм бынтон: Уæ, уыг! Дæ дзынæзт зæрдæ ласы, ласы — Дæ хъæрзты ис мæлæт — фæндон. Æхсæв æнцад сабырдзинад ды тауыс. Æнкъардæй хъусын-иу дæумæ. Æхсæв ды мæрдты зæппæдзты рæвдауыс, Нæ тæхыс зæппæдзтæй хъæумæ. Æз уарзын дæу, уæ, уыг, зæрдæйæ уарзын, Кæй уарзыс талынг, мæрдты ды, Дæ дзынæзт зæрдæйæ кæй суры тар зын Æмæ æнцойдзинад дæтты.
- 142- КÆД ДÆ ФÆНДЫ... Кæд дæ фæнды тæхын уæларвмæ, °^ Кæс æм уæд дардмæ Æхсæв. Кæд дæ фæнды цæуын дæлдзæхмæ, Уæд кæс æхсæвмæ Дзæбæх. Кæд дæ фæнды цæрын нæ зæххыл — Æрбад йæ æххыл... Фæсудз. Кæд дæ фæнды цæрын сыгъдæгæй — Цæрæд фæздæгæй Дæ УД. Дæ зæрдæ кæд мыййаг нæ зары — Кæн æй æвзалы, Йе — сæг. Кæд рухс дæ зæрдæмæ нæ кæсы, Уæд уарз ды хæфсы Æцæг. ’к ’к ’к Дзæнæтмæ бæлгæйæ Æз уарзын зындон. Зындоны цæргæйæ Фæсудзын бынтон. Фыдтухи зындонæй Мæхимæ хæссын. Зындоны фæндонæй Дзæнæтмæ кæсын.
-143- >о МÆГУЫР ЦЪИАХ Цъиах мæгуырæй о{ Тахти ’мæ цард. Бафсæст-иу хуырæй. Зарыд йæ зард. Фæлæ йæ ’рцахста Саби кæмдæр. Йемæ йæ ’рхаста. Нал цыд йæ хъæр. Бадти æнкъардæй: Базыртæ — лыг. Нал уыд йæ цардæй, Райдыдта хъыг. Йе ’мбалы федта Иу бон тæхгæ. Хи ма уый фехста Уымæ бæргæ. Джихæй йæ фæстæ Баззад, кæсы... Тоны йæ фæрстæ, Арвы мысы. Уасы фæсусæй Йе ’мбалмæ ныр. Сау зæрдæ хусæй Баззад, мæгуыр. Уымæн йæ хæссæг Базыртæ — нал. Калы йæ цæссыг, Зæрдæ фæтар.
- 144- Джихæй уæларвмæ Саби, ды кæс, Базырты ралыг °^ Зæрдæмæ хæсс! * * * Æз кæуын, дзыназын, æз фæниуын, ниуын, Æз фæниуын, ниуын, фехъусыс мæ, цы? Сау зæрдæ фæсудзы мидæгæй мæ риуы, Мидæгæй мæ риуы сау туджы мæцы. Уалдзæгмæ бæллыдтæн, уый цинæй рæзыдтæн, Уый цинæй рæзыдтæн карз зымæджы æз. Уалдзæг мæ фæсайдта, раджы уый нæ зыдтон, Раджы уый нæ зыдтон, сæфдзæни мæ рæз. Тарф зымæг мæ хордта, тарф зымæг мæ надта, Тарф зымæг мæ надта, зæрдæ дзы ныссуй. Уалдзæг мæ фæсайдта, дидинджытæ радта, Дидинджытæ радта сау халонæн уый. Сау халон фæхæссы, сау халон сæ хъазы, Сау халон сæ хъазы фаджысы сæрыл. Уый мæнмæ ныр уасы, адæмы туг нуазы, Адæмы туг нуазы алы ран зæххыл. Нал фæразын зæххыл, фескъуыйы мæ зæрдæ, Фескъуыйы мæ зæрдæ, тоны та мæ риу. Бахус и мæ хъæлæс, нал хъуысынц мæ хъæртæ. Йа Хуыцау, мæ хъæртæй фехъуысæд дæм иу! 1917 азы 20 май. Ригæ САХАРЫ ХЪÆРТÆ Хур ыссæуы. Хур фæтылди туджы. Сахар дзы ныссырх. °< Сахар аразы бæрæгбон. Сахар худы... Уынгтæ — сæнæй пырх...
- 145- \о \Ту Арвау сахарæй гæрæхтæ дард ранмæ хъуысы... нглЛ (^ Сахар судзы, судзы, судзы... ^-Л Тулы туджы. °\ Дæрддзæф хъæу хуыссы. Чидæр ракалдта йæ сæнтæ: Уынгтæ —- сырх Тугæй — пырх. Туг кæны лæсæнтæ. Талынг ахæстон ныссырх. Уым ыстонг уыд дзуг: Дзуг дзы алырдæм ныппырх — Нуазы туг. Дзуг æххормаг у. Нæ зоны... Дзуг йæ нард фыййæутты ’взоны. Сахар судзы, Тулы туджы. ’к ’к ’к Кувын дурæн мæн нæ фæнды — Уазал дурæн кувын æз. Ниуын дурыл мæн фæфæнды... Ниуын, ниуын... Нæй фæрæз... Баргъæвст зæрдæ, басыд дурыл, Уæ, кæм дæ ды, тавгæ хур?! Бамбæхст мигъы, нал и къулыл. Уазал дары зæрдæ дур. Уæз-хъадаман хурх æлвасы, Цæнгтæ дурмæ — фидар баст. Дуры уазал зæрдæ ласы, Тоны риуы бирæ маст... Хурмæ ниуы зæрдæ-иунæг, Хуры нал уынын æппын... Уæ, мæ зæрдæ, зынтæ фидæг, Чи дын зоны, чи дæ зын? 10 Мах дуг № 12, 2003
- 146- АСИН Уæлæмæ асиныл цæуæм, Уæлæмæ. Кæуæм, Куы ’ркæсæм асинæй дæлæмæ. Мæ хæлар, кæс! Ды ризыс... Хауыс! Дæхи уæлæмæ хæсс — Бынæй цы дауыс?! Нæ асин у бæрзонд, Фæцыд уæлæрвтæм. Хæссæд дæ, цæй, дæ зонд Дæлдзæхæй æрвтæм. Ныр мах ыстъалыйыл лæууæм — Цæуæм мах хурмæ. Цæуæм, цæуæм, цæуæм... Уæ цурмæ. ÆНÆМÆТ АДÆМ Мæн гъеныр дисæй фæрсынц: «Цæмæн æппарыс дæ цард? Цæмæн дæ фыдхуыз, æнкъард?» — Мæ фæстæ джихæй кæсынц. Мæллæг хъæлæсæй зæгъын: «Уæдæ куыд? Цы кæнон ныр æз? Мæ удæн куынæ и фæрæз Сымахау... Зын у цæрын... Сау лæг мын айста мæ худт. Зæрдæйы сау дур фыцы, Фидар ыл сау сынт хæцы... Уый тыххæй нал дæн рæсугъд...»
-147- «Æвгъау бæргæ уыд дæ сæфт... Цæугæ, дæ низ ныл хæцы. Цæугæ, нæ туг дæ тæрсы. °^ Цæугæ, фæкæ ныр хæрзсæфт!» Мæ фæстæ дуртæ æхсынц. Цæуын сындæггай æз дæр. Фæрыст сæ дзырдтæй мæ сæр... Дзурынц... Худынц... Хæрынц... ТАРД Дæуыл фæхастон, Мæ хох, мæхи. Мæлын дæ мастæй Ныр æз. Ныр федтай де сæфт Мæнæй, мæнæй. Дæу тыххæй фесæфт Мæ рæз. Ды сурыс дардмæ, Мæ хох, ныр мæн, Бæллыс мæ мардмæ... Цæмæн? Фыдæнæн уадзын Дæуæн мæ зард. Мæ хох! Æз уарзын Дæ цард... Ныр дард мæ хохæй Кæмдæр лæууын, Мæ хохæй рохæй Кæуын...
-148- КÆРОН ^П Рагæй, рагæй агуырдтон æз марг, о| Агуырдтон æз марг. Фенон, фенон, загътон, адджын цард, Фенон адджын цард. Нуазын æз бындзарæй марджы къус, Гъеныр марджы къус. Марг, уæ адджын марг, ды царды хос, Ды дæ царды хос. Амонд æз ыссардтон сау зæххы, Арф æз сау зæххы. Уд уæлæмæ рухсмæ атæхы, Рухсмæ атæхы. Талынг, мæйдаримæ схæццæ дæн, Æз ысхæццæ дæн. Æз фæдæн. Фæдæн, ысцæттæ дæн... Æз ысцæттæ дæн. МАЛУСÆГ Сусæгæй уалдзæг æрулæфыд зæхмæ, Сусæгæй зæхмæ æрдымдта йæ тæф. Фæлмæн тæф ацыди зæххæй дæлдзæхмæ, Уазал уыд, уазал уæддæр ма уæлдæф. Быдыр цæгæр сæрау хъулон фæдардта, Ранæй-ран урсæй лæууыди ма мит. Малусæг митæй йæ буц сæр ысдардта, Малусæг фехъуыста уалдзæджы ’хситт. Малусæг митæй нæ тарсти, нæ сыди, Уазалы митимæ тарф уый хæцыд. Уалдзæджы цинæй-иу бонгай рæзыди, Хъалæй, фырбуцæй уый Рухсмæ фæцыд. Рухсмæ йæ буц сæр уый митæй ысдардта, *° Хурмæ бæллыди ’мæ Рухсы цæры. °* ХГ\ Малусæг Рухсы йæ мæлæт ыссардта /чГ\5 ъ Хурæй мæлы.
-149- ГАЛЫХУЫЗОН МÆСЫГ Сонет Сывæллонæн йæ мидбылты фæхудтæй, Фæллойгæнджыты алыбон хъæрзтæй, Сырх тугвæдон æнамонды хæстæй, Кæй тыххæй зайы тар бæстæ гаффуттæй, Зымæгæн та йæ тымыгъы фæфуттæй, Мæ сидзæртæн сæ гом сыд сау фæрстæй, Мæхицæн та мæ зæрдæйы мæстæй — Æз ниуын, зарын уыдонæн сæ удтæй. Æз амайын ныр адонæй мæсыг, Æхсад — цæссыгæй, тугæй — сырх йæ дуртæ, Æлыгæн ын — Рæстдзинад, Зонд — фыдмуртæ. Фæйнæрдæм дзы æрттивдзæни цæссыг, Æддæмæ дзы зындзæни мæйтæ, хуртæ, Йæ хуылфы та уыдзæни судзгæ зынг. сл >о
2003 АЗЫ «МАХДУГ» НЫММЫХУЫР КОДТА: АБАЙТЫ ЭДУАРД: 50 АЗЫ Абайты Эдуард. Дымгæйы авдæн. Æмдзæвгæтæ. XI, 30. АГЪНАТЫ ГÆСТÆН: 60 АЗЫ. I, 15. БУЛКЪАТЫ МИХАЛ: 75 АЗЫ Мамиаты Изетæ. Миф æмæ æцæгдзинад фыссаеджы аивады. XI, 99. ГАФЕЗ: 90 АЗЫ Гафез. Æмдзæвгæтæ, фыстæджытæ. IX, 6. ГÆЗДÆНТЫ ГАЙТО: 100 АЗЫ Гæздæнты Гайто. Уаддзалх адæм. Радзырдтæ. XII, 24. ДЖЕРДЖИТЫ ВАЛЕРИ: 50 АЗЫ. V, 118. ВЛАДИМИР КОРОЛЕНКО: 150 АЗЫ ВладимирКороленко. Æнахуырчызг. Цардæй ист нывтæ. VIII, 5. КЪУСРАТЫ АНАТОЛИ: 50 АЗЫ. III, 134. ПРОСПЕР МЕРИМЕ: 200 АЗЫ Проспер Мериме. Фидары байст. Новеллæ. Меримейы зонды ныхæстæ. VII, 71. ПЛИТЫГРИС:90АЗЫ Грисы фыстæджытæ Гафезмæ. X, 94. ТОКАТЫ АЛИХАН: 110 АЗЫ «Æркалдзынæн нæ зæхмæ рухсæй тын». Поэты тыххæй Хъодзаты Æхсары ныхас. Алиханы фыстæджытæ. Мæхъиты Верæйы, Цæллагты Тæ- тæрхъаны, Бæдоаты Лезайы, Токиан-Фидараты Марияйы мыси- нæгтæ æмæ æндæр æрмæг. VI, 6. ФЕДОР ТЮТЧЕВ: 200 АЗЫ Федор Тютчев. Дæхи дунейы цæр. Æмдзæвгæтæ. XII, 112.
ХÆБЛИАТЫ САФАР: 70 АЗЫ Хæблиаты Сафар. Новеллæтæ. III, 100. ХУЫГАТЫ СЕРГЕЙ: 70 АЗЫ Хуыгаты Сергей. Нарты Фарнæг. Сæргæндтæ романæй. II, 11. ХЪАЙТЫХЪТЫ АЗÆМÆГ: 80 АЗЫ. VII, 5. ЦÆГÆРАТЫ ГИГО: 80 АЗЫ ЦæгæратыГиго. Булаэмæргъæн — арфæ. Æмдзæвгæтæ. II, 103. ЦÆРУКЪАТЫ АЛЫКСАНДР: 85 АЗЫ ЦæрукъатыВалодя. Ме ’фсымæр æмæ иннæтæ. Мысинæгтæ. XII, 88. поэзи Абайты Эдуард. Сатæг суадæттæ. II, 106. Абойты Зарæ. Æфсымæр. Æмдзæвгæ. V, 88. Айларты Чермен. Фæрныг хъуыддæгтæ. Æмдзæвгæтæ. I, 62. Балаты Альберт. Æнцой мын нæй. Æмдзæвгæтæ. I, 59. Биазырты Кромвел. Лæууы Алондоны был... Æмдзээвгæтæ. VIII, 25. Бирæгъты Валодя. Хистæрæй кæстæрмæ. Æмдзæвгæтæ. II, 115. Боциты Алыксандр. Бæлццон дæн. Æмдзæвгæтæ. I, 33; Уарзын цин. Æм- дзæвгæтæ. X, 73. Бызыккаты Земфирæ. Дыууæ æмдзæвгæйы. III, 89. Годжыцаты Нелли. Ныфсы рухс. Æмдзæвгæтæ. III, 131. Дауырæ. Уарзт — удылхæцæг. Æмдзæвгæтæ. III, 86. Зассеты Мисурæт. Уарди. Æмдзæвгæ. III, 99. Нафи. Фæззыгон дзымандытæ. Æмдзæвгæтæ. V, 5. Нæкуысаты Наирæ. Удæй æнгæстæ. Æмдзæвгæтæ. III, 94. Кобесты Зауырбег. Уынал. Æмдзæвгæ. XI, 92. Кокойты Эльзæ. Царды уаргь. Æмдзæвгæтæ. III, 14. Коцойты Зæйрæт’. Фæсмон. Æмдзæвгæтæ. III, 98. КъадзатыСтанислав. Зымæгон æмдзæвгæтæ. II, 79; Фæринк. Æмдзæвгæтæ. X, 5. Къибирти Амурхан. Царди æрдаэфæнтæ. Æмдзæвгитæ. VII, 59. Къодоты Альберт. Артбандзар дæуарзтæй. Æмдзæвгæтæ. VII, 67. Рæмонты Геор. БузныгХуыцауæй. Æмдзæвгæтæ. IV, 93. Ситохаты Саламджери. Рухсæн кувæм. Æмдзæвгæтæ. VI, 79. Скъодтаты Эльбрус. Дзæкъолон. Æмдзæвгитæ. V, 35. Соттиты Риммæ. Чи и цары? Æмдзæвгæ. VIII, 88. УалытыЛаврент. Дæ бæсты цæрайæ. Æмдзæвгæтæ. XII, 15.
Хадыхъаты Фатимæ. Хъысмæт. Æмдзæвгæ. III, 97. Хæмыцаты Албег. Бæллын та ногæй... Æмдзæвгæтæ. VI, 50; Ме ’ртæ чъирийы. Æмдзæвгæтæ. XI, 58. ХæуытатыКъоста. Уыцы дугмысын фынау. Æмдзæвгæтæ. IV, 78. ХозитыМакар. Сабитæн. Æмдзæвгæтæ. II, 118; IX, 110. ХъауыратыДауыр. Фондз аэмдзæвгæйы. IX, 102. Хъæцмæзты Азæ. Æртæ æмдзæвгæйы. XI, 90. ХъодалатыГерсан. Фидын бонзонгæ мæхæс. Æмдзæвгæтæ. XII,79. ХъодзатыÆхсар. Хæрзгæнæг. Æмдзæвгæтæ. VIII, 74. Цæрукъаты Таймураз. Сатирикон рæнхъытæ. VIII, 87. Цорæты Ахъмырзæ. Дыууæ æмдзæвгæйы. VIII, 89. Чеджемты Æхсар. Арвы хуызтæ. Æмдзæвгæтæ. I, 5; Мæ артдзæсты зынг. Æмдзæвгæтæ. VIII, 47. Челдыты-ГоджыцатыНадя. Дыууæ æмдзæвгæйы. III, 98. ПРОЗÆ Айларты Измаил. Амонды фæндагыл. Уацау. IX, 38; X, 14. Æлбегаты Илитæ. Æцæг хабаэрттæ. VI1, 57. Баситы Михал. Фыдвæд, фыдномы тымыгъты. Кадæг-уацау. Цыбыргондæй. V, 42; VIII, 35. ДауыратыДамир. Радзырдтæ. XI, 5. Джидзæлаты Арыпхан. Æцæг хабæрттæ. IV, 96. ДжыккайтыШамил. Æнусон рухс. Новеллæ. IV, 83; Мæлæт. Радзырд. XII,5. ДзанайтыНикъала. Хæстон фæндæгтæ — зындоны балц. Мысинæгтæ. V, 15; VI, 60; XI, 40. Закаты Алыкси. Æдзæсгом уари. Этюд. I, 43. Куыдзойты Барис. Æцæг хабæрттæ æмæ таурæгъ. V, 80. Реуазты Верæ. «Хаврзбон, æнцойдзинад...» XI, 67. Ситохаты Саламджери. Сатирикон радзырдтæ. II, 88. Сылгоймæгты афоризмтææмæхъазæн ныхæстæ. III, 5. Тыбылты Олга. Митдзуан. Æцæг цау. III 90. Хуыгаты Сергей. НартыФарнæг. Сæргæндтæроманæй. III, 19; IV, 5. Хъауыраты Дауыр. Хъæлдзæг хабæртгæ. I, 53. Цоколаты Насырбег. Софя æмæ Ахмæты таурæгъ. XI, 93.
ДРАМАТУРГИ Айларты Асæхмæт. Фæндаггон. Киносценари. VI, 82. ТемыратыДавид. Интермедитæ. X, 82. Хъайтыхъты Азæмæт. Фыдохы арт. Драмæ. VII, 6. СФÆЛДЫСТАДОН БЫНТÆ Ахмæггы дыууæ фыстæджы. Цомайты Тамарæйы разныхас. VI, 124. Бестауты Гиуæрги. Æмдзæвгæтæ. VI, 115. БиазыртыАлыксандр. Секъа æмæ гуырдзиаг литературæ. Секъайы тыххæй мысинæгтæ. IX, 122. Нигер. Налхъуыт-налмасæй фидауцджындæр. I, 89. ТÆЛМАЦТÆ Гаврила Державин, Фридрих Шиллер, Вольфганг Гете, Николай Языков, Михаил Лермонтов, Виктор Гюго. Æмдзæвгæтæ. IX, 114. Николай Заболоцкий. Æмдзæвгæтæ. V, 102. Сомихаг аргьæуттæ. I, 65. Осхамахуæ — амондыхох. Кæсгон поэтты æмдзæвгæтæ. Кашиф Елгар, Зу- бер Тхагазитов, Борис Кагермазов, Анатоли Бицуев, Афлик Ора- заев, Борис Утижев. IV, 99. МЫСИНÆГТÆ ÆлбортыХетæг. Æхсызгон цаутæ. VIII, 90. Закаты Алыкси. Мæ цæстытыл уайы. VI, 133. Заойты Аслæнбег. Хæстон фæндæгтыл. I, 80. ЦыбыртыЛюдвиг. Ферттывта стъалыйау. VII, 78. АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД Хъазиты Мелитон. Ирон хæзна. Дарддæр. III, 138; IV, 119; V, 109. ЛИТЕРАТУРÆЙЫ ФАРСТАТÆ Боциты Алыксандр. Урсдоны æрдз ын — поэзийы бæстæ. IV, 126. Мамиаты Изетæ. Фыссæджы æрмдзæф. I, 94. ТменатыДзерассæ. Æмбисондхæссæг — зондамонæг. VI, 129. Тъехты Тамерлан. Цæрукъаты Алыксандры сатирæйы тыххæй. VII, 91. Цъæхилон-Хъазиты Фатимæ. Мад æмæ къонайы фарн. IX, 129 ЧИНГУЫТЫ ДУНЕ Дзиццойты Юри. Ирон уыци-уыциты ног рауагъд. I, 104. ПУБЛИЦИСТИКÆ ГæбæратыАлан. Гасситы Афанаси дины тыххæй. III, 151. Дарчиты Светланæ.Наиуюн фарстатæ революцийы размæйыДумæйы. V, 145.
Дзарасаты Альберт. Алантæ æмæ Кавказы иннæ адæмтæ. V, 139. ДзидзойтыВалери. Ирæттæ — куыстагур. 1,108; «Хавдбар» республикæйæ — советон автономимæ. VIII, 100. Мсойты Фатимæ. Суверенитеты тыххæй. V, 142. Сидахъаты Татьянæ. Быхсыны сæр — сой. II, 137. ТлаттыÆмзор. Ирыстоны мæсыг макуы ракæла. VII, 83. Хуысе. Цардвæндаг. III, 156. АИВАД, КУЛЬТУРÆ Бæтæгаты Татьянæ. Хурæргом аивад. III, 143. Соттиты Риммæ. Цыкурайы фæрдыгау. V, 135. АХУЫРГÆНÆГÆН ÆХХУЫСÆН БекъойтыВладимир. Радзырд «Дзæбидырдзуан» астæуккагскъолайы. II, 141. Габоты Эммæ. Сабиты хæлар. II, 148. Дзитойты Аллæ. Нæртон фæткъуы — нæмадæлон æвзаг. III, 161. РÆСТÆГ - РÆСТÆВЗАРÆН Санахъоты Инал. Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды идейон бындуртæ. IV, 138. Цæлыккаты Хайырбег. Судзаджы хабæрттæ. IV, 134. УИДÆГТÆ Бзарты Руслан. Истори æмæ Кавказы культурæ. VII, 94. Джиоты Иринæ. Рохуатæн æвгьау у. X, 129. МедойтыХъазыбег. Æцæг разагьды лæг. II, 120 Хъамболты Тамерлан. Нæадавмы номытыххæй. 1,116. ХъауыратыДауыр. Рухстауæг. II, 130. «МАХДУДЖЫ» РАВДЫСТ 1,118; II, 151; III, 170; IV, 142; VI, 138; VII, 100; VIII, 109; IX, 135; X, 132; XI, 124; Х11.117. АРВИСТОН I, 125; II, 163; III, 176; IV, 152; V, 148; VI, 142; VII, 108; VIII, 117; IX, 143; X, 140; XI, 114; XII, 123. ИРОН ПОЭЗИЙЫ АНТОЛОГИ 1,139; II, 173; III, 187; IV, 163; V, 159; VI, 153; VII, 119; VIII, 128; IX, 153; X, 151; XI, 133; XII, 134. ФЫСТÆГРЕДАКЦИЙÆ. IV, 162. ТÆФÆРФÆС [Хæблиаты Сафар.| III, 210.
Цъары фæрстыл: /. Уæлахиз. 3. Æмгæртты мысгæйæ. 4. Æнусмæ хæларæй. * * * Викшория БОРАЕВА Заира КАРАЦЕВА Альбина ДАТИЕВА Ирида КОДЗАТИ Залина ГУРИЕВА Технический редактор Корректор Компьютерный набор Компьютерная верстка Дизайн * * *
Журнал зарегистрирован в региональном Управлении ГК РФ по печати в РСО-А. Регистрационный номер Ш-0132 Журналы цы æрмæг рацæуа, уымæй æндæр мыхуырон оргæн куы пайда кæна, уæд хъуамæ амынд уа, «Мах дуг»-æй ист кæй у, уый. Журналмæ цы къухфыстытæ цæуы, уыдои редакци рсцензи нæ кæны, стæй сæ автортæн фæстæмæ нæ дæтты. Учредители: Комитет РСО-Алания по печати и делам издательств, Союз писателей РСО-Алания Подписано к печати 22.12.03. Формат издания 60x841/16. Бум. офсет. № 1. Гарнитура шрифта Муг1. Печать офсетная. Усл. п. л. 9,07. Учетно-изд. л. 7,64. Тираж 2000 экз. Заказ № 163. Адрес редакции: 362025, г. Владикавказ, ул. Фрунзе, 24. Телефоны: 53-69-66; 53-31-58; 53-69-62; 53-31-24, 53-65-86. Журнал отпечатан на Республиканском издательско-полиграфическом предприятии им В. А. Гассиева 362011, г. Владикавказ, ул. Тельмана, 16.