Text
                    ТЕДЕТЫ ЕФИМ
ФÆДЗÆХСТ
ДУНЕ
Æмдзæвгæтæ
ЧИНЫГУАДЗÆН «ИР»
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1979


840сет С(Осет) Т45 Тедеты Е. Т 45 Фæдзæхст дуне: Æмдз.— Орджо- никидзе: Ир, 1979.—88 ф. Тедеты Е. В. Завещанный мир. _ 70403-2 з4_?д 840сет М131(03)-79 С(Осет) (§; Издательство «Ир», 1979
* * * Комкоммæ дзырд бирæтæн тæрхон у, Сайæн куыст, цæстмæ митæ — мæ рын. Царды мидæг ахсджиагдæр хонын Адæмы ’хсæн растудæй цæрын. Мадзура дæн,— мæргътимæ куыд тæхон? Бирæ ’нхъæлы, бадомдта мæ мæт, Фæлæ иугæр худæн дзырд куы зæгъон, Рисдзысты дæ артæнбынтæ уæд. Алкæуыл мæ уды хъарм ныхасын, Хорз фысым — кæрдзын æмæ цæххæй. Цин мын цин у, зианы бон æрхæссын Уæлмæрдæй мæ уæхсчытæ цъæхæй. Цард лæджы æвыдбылыз кæм уадзы, Фыд æрцæуы, чи йæ зоны, куыд? Афтæмæй куы бацæуын мæрдадзы, Уæд вæййы цæссыгджындæр мæ куыд. Зарынмæ куы ралæууы мæ афон,— Хистæр загъта: сидты бар у дæу. Æз, мæ хур, куы ныззарон, куы скафон, Уæд мæ фæстæ ’нцон ныззарæн нæу. Æз поэт кæй нæма дæн — æмбарын, Агурын мæ фæндаг æз нырма. Циу сæйраг — нæ йæ уынын, нæ арын, Хъусынмæ та, раст цыма къуырма. Æмæ кæд куырмау цæрын нæ хъæуы, Заргæйæ, фæндырдзæгъдгæ, рæстæй,— Зонын, зонын, агурын кæй хъæуы Тынгдæр уый, цы нæ уынæм цæстæй. 1976 аз
ФÆСУАЛДЗÆГ Æрдз фæсуалдзæг раивта йæ дарæс, Раст цыма йæ худынæй фæхъус. Циу уый? Цард у. Цард ут æви сагъæс?— Дидйнæг нызгъæлд æмæ ныххус... Дыргъдон ацыд быдыры æддиау, Цин кæнын хъуыдыгæнгæйæ æз: Зæххы риуæн ахадгæ ыздыйау Тагъд кæндзысты зад халсæрттæ уæз. Дидинджыты хæрвы бынты балæн Райдыдтой йæ гагатæ нæрсын. Сæнæфсиры хъуссæгджын цупалæн Раздæрау ысхъæл лæууын фæзын. Къабускайæ рацъæх ысты фæзтæ, Арв рæдауæй царды хос дæтты. Мигъ æрбабадт хур бонтæн сæ фæстæ, Зæххы дойны хъарм къæвда сæтты. Рæстæг уайы цард таугæйæ балцы, Кæд фæтарбын дидинæгджын мæй, Гъеуæддæр та бауддзыд ис алцы, Ивд æрцыди дидинæг мыдæй. 1977 аз 4
ЛЕНИН Фæцыд бæрзонд... Йæ алыварс — æгæрон дуне, Арв. Йæ рахиз къухæй амоны фæндаг Æгас дунетæн — размæ сæ фæкæны... У фидар цырт. Бындурæн ын — планетæ... Кæсы мæм афтæ: Къухæй арæзт нæу,— Сызгъæрин мыггаг зæххы риуæй сæвзæрд. Уый уарзон бирæ Канд адæмтæн нæу,— Баззад æм æгомыг æрдз дæр джихæй. Зæхх зилы, Зилы, Йемæ йæ хæссы, Цыма йæ ’вдисы дун-дунетæн, афтæ... Æмбарын æз, Æнæкæлгæ цыртыл Цæмæн ысхъазы афтæ тынг сырх тæмæн — Уый скæсæны сырх сæуæхсиды рухс, Нæ дунейыл цы туджы цæдтæ сæвзæрд Революциты гуылф-гуылфгæнгæ æртытæй, Сæ ирд тæмæнтæ баиу ысты иумæ, Æмæ цыртмæ уыдон рухс кæлы. Уый — Ленины цырт... Цардæгас куы уыд Уæд-иу йæ иу къах иннæуыл æвæрдæй Æнцой рæстæг газет кæсгæйæ бадт. 5
Фæлæ йæ цард куы ахуыссыди, уæд Йæ зонд, йæ тых зæххон дунейыл баззад, Йæ уæлæдарæс музейы лæууы — Йæ палтотæ сырх æндахæй сынчытæ — Топпы цæф бынæттæ... Æз дис фæкæнын бирæтыл нæ дуджы: Кæмæн нæй бафсис мулкæй, Йæ ис кæмæн у йе стырдæр хæрзиуæг,— Æрцæут иубон музеймæ, Кæсут,— Ленины хуымæтæг дарæс фенут! О Ленины цырт!.. Къухæй арæзт нæу,— Сызгъæрин мыггаг зæххы риуæй сæвзæрд... 1976 аз 6
ФÆДЗÆХСТ ДУНЕ Хъусут, фæндаггæттæ, курын уæ: Сабыр. Топпæн йæ мæнгæхст дæр хæхты — тæссаг. Уымæй йæ хуыкком ныууадзы сæлабыр, Дзидзидаргæйæ дзы фестъæлфы саг. Хæхты бæрзонд рæнхъ хæрдмæ цыд кæм фæци,— Хъазæн фæз сычъитæн сарæзта æрдз: Раскъæрынц æмæ ныццæвынц кæрæдзи, Кæмтты ныннæры сæ сыкъаты къæрцц. Уалдзæг... Дзæгъæл митæн бар нæй æппындæр, А хæххон дунетæ ма ’нхъæл къуытты, Дагъы дзыгъуыр зымтæ уадзынц лæппынтæ, Даргъкъах хуыргæрчытæ бадынц къуыртты... Арвы нырттивын, нæ сæртæг гæрæхтыл — Хæхтæ куы нынкъусы тулгæ къæдзæх — Уыдоныл фæзтæ ’мæ цъитиджын рæгътыл Авдæны зарæгау сахуыр ис зæхх. Фæлæ æнахуыр зæл сонтæй лæбуры,— Топпы нæмыгимæ фидауæн нæй. Балцы транзистртæ сæхгæнут, Курын, Бæстæм фæлгæсут зæрдæрухс, фæрнæй. Æрдзы конд афтæ у — иууыл æмхæст у, Дидинæг рафтыдта, райгуырд, ысног... Уый у нæ Райгуырæн, Махæн фæдзæхст у, Хохæй, быдырæй тыччы дуры онг. Чи зоны, исчи уæ фарстытæ ссардзæн: 7
Бæлццæттæн хорзæй цы ратдзæни бон? Уый уын æвдадзау сыгъдæг уæлдæф дардзæн, Сафдзæн уæ зынвæллад ихæй гуырд дон. Курын, мæ уайдзæфтæ ма ’нхъæлут бафхæрд, Æрдз у нæ зæрдæ — зæгъон æй æххæст — Æмæ куыд аудæм зæрдæтыл мах дæр, Афтæ нын фиддзысты цардæй нæ хæс. 1973 аз 8
ÆЗ КУЫ КÆСЫН МЕ ’МДЗÆВГÆТÆ, УÆД.,. Æз куы кæсын ме ’мдзæвгæтæ, уæд Зоныгдзавд, зæрдæдзæф кæны не знаг, Зараг мæргътæй бамыр вæййы хъæдг Булæмæргъæн бандзыг вæййы йе ’взаг. Æз нæ уарзын сонт митæ, хъæртæ, Уонгмардау былдауæн ныхас, сур хыл,— Паддзæхтæм дæр сæвналын хæрдмæ, Царды знæгтæн бахæцын сæ хурхыл. Дзыллæты ’хсæн ме ’мдзæвгæ кæсын,— Сау зынтимæ дудгæ бонты бафтгæ, Цирхъæй цыма тугкалæн хæсты Айгæрдын мæ развæндæгтæ, афтæ. Никуы дæн цæстмæ митæм лымæн, Риуæмбæрц мæ развæндаг æгæрдын, Бæрзæндтæн сæ тæккæ зындæр — мæн, Дæттæн та сæ арфдæры лæгæрдын. Æз цæуын тæссаг рæтты зынтæй, Дурцæндтæ — мæ фæндæгтыл фæлгуыртæй. Калмы маргджын дæндæгты бынæй Раскъæфын цыкурайы фæрдгуытæ. Ме ’мдзæвгæ куы райдайын кæсын, Арвырдын мæ къухы цыма фесты, Æмæ дзы зынгдзых фæтты бæсты Арвырдæм тæхгæ уаритæ фехсын/ 9
Дзырд мæ удæн — зынг æмæ æхсон, Зæрдæ фестад амондджын фæндты лагъз, Кæд мæ хъæлæс V лæгæн æхцон — Фестдзæн ын мæ ныхас та зæнджы магъз. Ме ’мдзæвгæ — мæ цард даргъы фæрæз, Уый райгуырд мын афтæ тынг ахъаз у, Раст цыма мæ уарзт æнкъаргæ æз Райгуырдтæн æппæт адæмæй раздæр. Дзырд мæ удæн — зынг æмæ æхсон, Зæрдæ фестад амондджын фæндты лагъз, Кæд мæ хъæлæс у лæгæн æхцон — Фестдзæн ын мæ ныхас та зæнджы магъз. 1976 аз 10
ХÆДЗАРГÆНÆГ Алы стыр хъуыддагæн дæр йæ сæр Райдайы уæззау сагъæс, хъуыдытæй. Фыды зонд фыхти æмæ рысти: Уæдæ ныр кæм самайон хæдзар? Мидæмæ куыд хуыздæр кæсдзæн рухс? Хохбæсты æхситгæнаг тых дымгæ Уæлхæдзæрттæ сисы ’мæ фæхæссы, Ракæсæнтæ нал вæййы æддæмæ, Раст цыма хъаймæт æрцæуы афтæ. Уарын сисы ставд гагаджын их, Сау къæдзæхты райдайы цъыкк кæнын. Арв нырттивы, Уыйфæстæ æваст Хæхты риу æмдзæхгæрмæ ныццæвы Æмæ къæйтыл акалы цæхæр, Сау хæхтæ сæ бындзарæй нынкъуысынц... Уæдæ хохæй дур рахауын зоны Хæхтæ-фæзтæ рахæссы йæ сæрыл... Федта мусонг Айнæджы дæллагхъуыр, Уым йæ сæрмæ тигъджын рындз лæууы; Уый ыздахдзæн тулгæ дурты иуварс. Рагъæй-иу куы ныггуыпп кæна зæй, Фаддзæн æй йæ астæуыл, Æмæ Далæ коммæ иувæрсты тæхдзæни... Дзурынц рагæй: донбылмæ хæстæг Ма араз дæ хæдзар, Макуы дар хуыскъ ададжы дæ фос, 11
Уæд лæгмæ хуысгæ уатмæ фыдбылыз Искæд бон фæзындзæн... Хæдзарæн йæ аразын куыд зын у, Уымæй у бынат арын зындæр. Куывд...Ыстыр куывд — Ног бæстыхай конд — Зæддон феста — айнæджы дæллагхъуыр! Систа ныр дзæбидыры сыкъа Хæдзаргæнæг — бинонты фыд къухтæм. Сиды: Чи мæ уарзы, уый Акувæд мæ хъæбултæн, цæмæй Се ’ппæт дæр сæдæйы сæртæ фестой. Фаг уал у нæ ног хæдзар, Нæ фæстæ Чи цæра, Уый исты хсс кæндзæни. 1977 аз 12
тох Хъаматимæ къахфындзтыл куы кафыс — Фесхъиуыс, фæхъæр кæныс: «Æрцтох!..» Кæнæ та хъæбатыртыл куы зарыс, Гъеуæддæр куы ныццæлхъ кæныс: «Тох!..» Æз нæ зонын уыцы хабар — ма ’нхъæл, Фенын æмæ фехъусын цæхгæр Уартыты гуымс-гуымс æмæ цæнгæт хъæр, 'Хсаргæрдты дзæхст-дзæхст æмæ цæхæр... Цард нæ цыди алкæуыл æмхуызон, Уый тæрхон у: фесæф кæнæ рæз. Агуырдта-иу алчидæр йæ хъузон — Адзалæй иреæзыны фæрæз. Бирæ уыд йæ тыхгæнæгмæ хъусаг: Ратт дæ мулк, æндæр ныфс æм нæ уыд, Чи та-иу бæрзæйкъулæй тæрхъусау Йе знаджы раз зонгуытыл лæууыд. Ме уæнгтыл та ихæн уазал ацыд, Цæстыхаутыл ферттывта цæссыг. Ехх, Ирыстон, мауал мын дзур, мацы, Ма агай мæ зæрдæйæн йæ сынкъ. Никæд цудыс иу уысм дæр мæ цæсты, О мæ ныфс, мæ зæрдæйы лæууæн. Бæрзæймæ æфсондз райсыны бæсты Уд исын æнцондæр у дæуæн. 13
Кæд зæххыл дæ адæмы бæрц баруад, Сæфт Фыдызæхх — де ’нгæсæй ирвæзт, Дунейыл кæй нæ быхсыс дæлбарад, Къаннæг мын дæ уый тыххæй æрмæст. Цирхъæлвæстæй карз тохты куы тахтæ, О нæ фыдæл, уый нæ кæнын рох. Радзырдтай æнусты сæрты махмæ: «Бахизут уæ Фыдыбæстæ. Тох!..». Афтæмæй зынгау судзгæ уæлбæхæй Туджы фурдты арф лæгæрдгæ мæн Рахастай ныры дугмæ дзæбæхæй, Æмæ бузныг уый тыххæй дæуæн. 1970—77 азгæ 14
ДЫУУÆ ФÆНДАДЖЫ Хъуыды атахт дард хæтæнтæм, Алцыппæтæй арæзт дæн. Поезды ’хситт... Цæлхыты ’змæлд,.. Цæй, хæрзбон ут, араст дæн. Фæндаг ацыд тыгъд быдыртыл, Горæттыл — æмбæстытæ. Меридиантæй меридиантæм, Арф денджызтæй бæстæтæм. Зæххæн æз йæ хъахъхъæнæг дæн — Зарæг æй æвдисдзæни — У — æмхæст: Куы рисса иу ран, Иннæ ран дæр рисдзæни. Фæндæгтæ дыууæ сты, иу дзы Рагæй дæр нывыл цыди. Иннæ у фыдбылызхæссæг, Ууыл, дам, мыд ныччынди. Афтæмæй мæм балцы цæугæ Цин куы худы къæсæрæй, Уæд фыдбылыз та фæкæсы Йе ’ргъæвд топпы кæсæнæй. 1975 аз
ÆЗ ХУЫМГÆНÆГ ДÆН Æз хуымгæнæг дæн. Сау зæхх фæлдахгæйæ Бонтæ уæззау ысты афæдзтау. Афтæмæй райгуырынц Зарæджы рæнхъытæ Зæрдæйы сагъæстæй ауæдзтау. Нал у ныр хорæрзад Канд хуымгæнд, байтыдæй, Ног фæнд мæ зæрдæйы райхъал ис: Зæхмæ æмбæхстæй ис Бирæ хæрзиуджытæ, Уыдоны бахъуыди райхалын. Æтт, уæдæ, саумæр зæхх, Ратт мын нæртон тыллæг Ме уæнты фæрыст, мæ сурхидæй. Тауын æвзæрст мæнæу,— Ме ’рмттæй фæпырх вæййы, Ферттивы дардмæ сырх-сырхидæй... Гъæйтт-мардзæ, дзыллæтыл Циндзинад хатгæйæ Тауын мæ дзырдтæ сырх нæмгуытау. Уадз æмæ сæвзæра Адæмы зæрдæты Уды хæрзхъæды сызгъæрин тау!.. 1976 аз 16
ЦАРДЫ СÆР Мачи хæссæд царды зынтæм фау. Хорз у искæд уыдонæй фæриссын. Уый фæстæ та байгасгонд цæфау Царды хæрзтæй мондæгтæ фæисын... Иу сæ нысан, Хъауджыдæр сæ нæй, Арфæгондау æз зæгъын, Фæдзурын: Хорз у хатгай хинæйдзаг сæнæй Уды фæдис зæрдæйæ фæсурын. Фæлæ цæй, цы бачындæуа, цы? Мæргътимæ—æнæбазыр—куыд тæхон? Судзын арты, Хъуыдыты мæцын, Цæй, мæ дзырд, мæ уды низ, куыд зæгъон? Дзуры мын нæ удхайраг æнус: Гуыры амонд цинад æмæ уарзтæй. Судзаг былтыл андзæвыд мæ рус, Ахуыпп кодтон царды тæккæ карзæй. Нæй, уæддæр нæ бамбæрстон цыдæр, Циу, цы ран ис Царды сæр, йæ кæрон? Æрдз мæ зондæй бамбæхста æгæр, ’Мбæхсынджыты хъазæгау... Цы кæнон? Æз нæ кæнын генитæм быцæу, Фæлæ зонын галы богъау иу дзырд: Чи нæ федта уарзонад — бецау,— Уый зæхмæ цæрыны тыххæй не ’рцыд! 2 Фæдзæхст дуне
Цардæн йе ’гъдау — удамонд фыстау — Химæ ’лвасын адæймаджы уарзтæй. Æз йæ хъуырыл уарзоныл тыхстау Баззадтæн мæ дыууæ цопгæй бастæй... 1976 аз 18
УЫЦЫ УАЛДЗÆГ Уыцы уалдзæг бандзыг цыма зæхх, Хъæды, фæзты раджы батад мит, Сыфтæр баззад зæххы уæлæ надæй. Не сæвзæрд сырх дидинæг зæххыл. Сау дидинæг райхæлди æрмæст. Сау базыр зæрватыччыты дзугтæ Даргъ рæнхъытæй телты уæлæ бадынц, Ахстæттæ нæма аразынц хæхты... Уый цæмæн, Цæй тыххæй бамыр бæстæ? Хъæуæй арвмæ нал цæуы фæздæг, Куитæ ниуынц къæдзæхты бæрзæндтæй, Хæдзармæ æрбахызти зæронд лæг, Тарæрфыг, æнкъарддзæсгом, хъуынсаст. Сагъдау аззад иудзæвгар, Ыстæй Февнæлдта йæ иу къухæй йæ сæрмæ Æмæ загъта: — Оххай-гъе, ныззарыди мæ хъус, Адæмыл цыдæр зиан цæудзæни... Комы хæхтæм иу барæг тæхы, Удаистæй бахæццæ ис хъæумæ, Тарстæнгасæй рагуылф кодтой адæм. Урсзачъе зæронд лæгтæ рæнхъæй Мæсыджы цур баззадысты сагъдау... Барæг рахызт рахизырдæм бæхæй Æмæ загъта: — Амарди Къоста... 1976 аз П
ЦИН ÆМÆ МАСТ Царды уаргъ æз рагæй хæссын, Ме ’взонгад фæци ’мæ. Охх, куыд зын у ’нхъæлмæ кæсын Царды мидæг цинмæ. Мигъджын фæззæг, Баргъæвстысты Бæлæстæн сæ хихтæ, Зæрдæйыл фæцагъуыдысты Уазал æмæ ихæн. Цæй, куыд уыдзæн? Мысын рагæй Ме ’взонг фырт — мæ фидæн, Рæвдз кæд уыдзæн тых, уæрагæй, Царды хæс кæд фиддзæн? Зарæг та цы бæстæй райсон? Катайаг — мæхи сæр: Агурын сырхуадул райсом, Сойæдзаг сырх изæр... Ау, уæдæ куыд нæ фæзоны Маст хатыр — æгъуыст уа! Уый лæгмæ куыд тагъд фæзыны Зæрдæйы рæхуыстау... 1977 аз 2<?
ТОППЫ НÆМЫГ Топпы нæмыг — адæймаджы къухтæй конд, Уды цардæй сау ингæнмæ ахæссы, Тохы бон салдаты зæрдæ уый цæфæй Туджы мæцгæ хуры тынау ахуыссы. Ис ма бирæ ахæм лæгтæ дунейыл, Тсппы дыууæ сау дзыхау æмныхæстæй Чи кæсы йæ цæстытæй, Лæджы зæрдæ Чи цæвы тæвд нæмгуытау йæ ныхæстæй. Топпы нæмыг не змæлид йæ бынатæй, _ Уыи, зæгъут, лæг марынæн кæй бахъуыди?! Ма йæ хонут топпы нæмыг,— Атæхы Марынмæ уый адæймаджы сау хъуыды... Æз куы уаин топпы нæмыгаразæг — Уадз мæ хъуыды дун-дунетыл ахæта — Раст удтæн мæнг ифтыгъдтытæ рауадзин, Хæрамтæн —дзыхъмард чи кæна, ахæмтæ. 1967 аз I1
ХЪÆУУОН НЫВТÆ Нæ бамбæрстон, куыд мыл атахти уалдзæг, Хур бон... Арвыл мигъы пирæнгон дæр нæй... Бæрзонд хохрæбын апырх ысты хъомвос. Рæдувынц кæрдæг, футгæнгæйæ хизынц. Æхсыры мæйы уæлдæф Ног æрдыгъд æхсыры тæф кæны... О зæрдæйы бæллицты гуырæн — æрдз, Бындар фæуай, куыд ахадæн дæ, куы?! Дæ рæсугъд нывтæм бахъазыд мæ зæрдæ: Фæтугдæппал и дыргъдæтты сырх бал, Чысыл тала — Лæг бæрзæнд дæр нæма у — Фыццаг аз ыл сырхварс фæткъуытæ ’рзад, Хъæу разынд уæртæ. Уæлмæрдты цур нæуу, Æмæ дзы хизынц бæхтæ, Къæдзилтилгæ, пыррыччытæгæнгæ... Сæ хæд фарсмæ та урс къахджын сырх байраг Тымбыл зылдгæнгæ сиры. Фæцæуын уынджы, Хъулонфарс къæбыстæ Кæрæдзи тулгæ хуры хъарммæ хъазынц, Сæ иу фыццаг хатт ацы бон ысрæйдта... Чысыл уасæг ысииæзта йæ хъуыр, Фæсус хъæлæсæй каугæрон ныууасыд Фæлварæгау, æз уасæг дæн, зæгъгæ... Фæцæуын дарддæр. Хæдзæртты фæстæ Чысыл лæппутæ се ’хсаргæрдтæй хъазынц... 22
Æхсызгон мын у ног хъæлæстæ хъусын,— Цыдæриддæр куыд рæсугъд у чысылæй! Хъæу нал у ныр хъæуы хуызæн, Йæ уынг Уæрæх æмæ асфальтæй конд ысси. Сырх агуырийæ ног арæзт хæдзæрттæ Рæнхъæй Лæууынц, Антсннæтæ сæ сæртæм. Цыппæрднгъон æмбæрзт кæрты уынын Чысыл рæуæдтæ, гогызтæ, кæрчытæ. Кæйдæр кæрты та уæлвæйнæгыл, кæс, Ыстыр цæхх — æмæ ’взагыстæрд дзыхъхъытæ. Кæйдæр къутуйы фароны нартхор Æмбисхæрд дæр нæма фæци нырыонг. Нæ куыст — нæ кад. Нæ цард та у мыды къус. Хæдзаргæнæг зæрдæрайгæ йæ куыст Куы кæна, уæд кæддæриддæр уыдзысты Йæ фæллæйттæ Уæле исгæ, ахадгæ бынæй. 1978 аз 23
МÆТ Кæсынц мæм хатт мæ царды бонтæ сæфтау, Мæ хъуыдытæ æргъæвд топпау хæссын,— Вæййы мын бсн хъуырдухæнтæ, Æхсæв та Хуысгæуатмæ фыдбылызæй тæрсын,.. Æнцойад мын цæрæнбонты нæ уыди, Куы мыл фæцæуы тарф фыны æхситт, Уæд фесхъиуын цæф сагуытау: «Цы ’рцыди! Мæ кард! Мæ бæх! Фæдисмæ тагъд!»— мæ сидт. Тыхсы мыл ныр фæсмоны мæт æмхицæй, Цыма мын раст ысчындæуыди хин, Ыскæнын хатт уæззау тæрхон мæхицæн, Хатт рауадзын фыдахæстæй мæхи... Мæ фыды зæхх, мæ зæрдæйы куыд хæссон Дæ бирæ мæт, дæ бирæ цин, дæ рыст? Цъæхснаг уисæй нæмгæйæ мæ æрвылбон Дæ рæстæджы зынгвæндæгтыл тæрыс. Зын у мæ дзырдтæн уд исынау гуырын, Сæ фæзындмæ мæ сагъæстæ бæллынц. Фæзынынц хатт, Æрцахсын сæ æнгуырау, Куы та фæстæмæ зæрдæйы мæлынц... Мæ куыст, мæ пайда ’рцыдысты тæразмæ, Фыдбонтау мыл зын сагъæстæ тыхсынц. Зæфцы фыдæй цы бонтæ атахт размæ,— Фæстæмæ мæ сæ зынг фæттæй æхсынц. 1972 аз :л24
КУЫРМ БÆХ Кировы райомы Ленины ыомыл колхозы сгуыхт бæх Херез, цæмæй дунеон бæхты дугъы ерысы фыццаг бынат ма ба- цахса, уый тыххæй йь’ш фæс- арæнты скъахтой йæ цæст’ытæ. (Газетæй) Каелы æрвылбон суадонау йæ цæссыг, Куы йæ фæахсынц — нал тæры йæхи фæнд. Фыдохы уацау алырдæм æнхъæвзы Æгомыг фосы судзаггаг тæригъæд. Лыг у йæ хъысмæт: царды уæззау азтæн Цæуы æдзух сæрæй кувгæ, æмырæй. Байраг нæ федта, искæй бæхы уастæн Уый ратты дзуапп æнæбары мыр-мырæй. Уый уари уыд, нæ бæххъазæн уæтæрты Нæ куымдта ахсын, уайтагъд-иу ныййарц и. Хæстæг-иу æй æрбасайдтой сæкæрæй, Ыстæй-иу ын фæлæбурдтой йæ барцмæ... Уыди сырх уалдзæг, дидинæгджын майы Куы фæци хæст, куы нал нæ домдта сау фыд,— Йæ урс къæхтæй уæззау зæлтæ нымайгæ Нæ бæрæгбонты музыкæмæ кафыд...
Æмæ-иу дугъты фыццаг уыд æдзухдæр, Цæргæсау-иу фæтъæбæртт ласта уайтагъд. Бомбей уа, Лондон, Токиойы дугъты Фæразæй и, цыппæрвадæй æрбатахт. Фæлæ фæци, фыдæмбæлæг ыл фембæлд, Фыдлæджы зонд ын «саугырм бау» загъта,— Ыстыр дугъы йæ фаддзугæнæг фембылд, Херёзæн та йæ цæстытæ ыскъахта. Уыдис фæстаг дугъ, згъæлаггæмттæ ’хсыдта, Домбай тыхæй уыд йе стыр тох æмбарæг; Уый цалынмæ нæ фæкалди, нæ зыдта Уæдмæ, кæй бакуырм уарзон бæх, йæ барæг... Кæлы æрвылбон суадонау йæ цæссыг, Куы йæ фæахсынц — нал тæры йæхи фæнд, Фыдохы уацау алырдæм æнхъæвзы Æгомыг фосы судзаггаг тæригъæд. Нырма ис бирæ зондæй цух мæгуыртæ. О сираг бæх, æнæ къухтыл хæцæгæй Дæ куырмгæнæг кæдæм фæцæуа, уырдæм Йæ развæндæгтæ агурæд лæдзæгæй!.. 1972 аз 26
БИРÆГЪ Уый ацы хатт нæ фæлæбурдта дзугмæ, Йæ лæппынтимæ æрдузы фæзынд — Ысси уæд бæстæ хъæр æмæ æхситт, Æнæхъæн хъæуы нал баззади сагой. Бирæгъ ма куыддæр Ысирвæзт тасæй къæдзæхы рæбынмæ. Æртыхстысты йæ алыварс цæгау, Сындæггай йæм хæстæггæнгæ цыдысты. Йæ лæппынты æрæмбæхста йæ быны, Йæ сæр Дæтты цæвынмæ, Афтæ зынд — дзырдта: «Мæхицæн мын цыфæнды дæр кæнут, Мæ лæппынты мын ма цæвут æрмæст». Гæрах фæцыди Дыккаг... Фæндзæм... Йæ марой сыхъуыст, кæрдæгыл æрхауд... Æмæ йæ гæндзæхтæцæгъдгæ хуыссыд. Йæ цæсты гагуытæ æддæмæ Рацæйхаудтой, афтæ касти адæммæ, Цыма зæгъынмæ хъавыди: «Цæмæн æмæ цæй тыххæй мын нæ дæттут Цæрын æмæ мыггаг кæныны бар?!». Фæвæййы хатт лæг бирæгъы æвварс дæр,— Æз фехъуыстон ирон хъæуы кæддæр:" «0 стыр хуыцау, Мæ сырды хай мын ма байс». 1973 аз
САУЦЪИУ Сауцъиу фæзмы, йæ алыва цы мыртæ хъусы, уыдон. (Газетæй). Зарæг маргъ, æрбахæссыс нын уалдзæг, Дидинджытæ, ног сыфтæр, цъæх нæуу. Æрдз, зæххыл цы равзæрди рæсугъддæр, Уый зарæгæн рафæлдыста дæу. Не ’взарыс ды бæстæтæ æппындæр Бауарзынæн, иу ад дын кæнынц. Дунейыл кæм рауадзыс лæппынтæ, Уыцы ран дæм адджындæр кæсы. Мах нæ дыууæ хорз зондыл хæст фестæм, Мæн дæуимæ балымæн фæнды: Æз мæ кусæг дзыллæтæн поэт дæн, Мæргътæн та сæ зарæггæнæг — ды. Ратæх æмæ абад цæй мæ армы, Уидз кæмгуытæ, дыргъдоны нæ сых Аныгъуылди, ничи дæ хъыг дары, Хæр парахат, адджын бал фæсырх..." Уæд дæ зарæг хоргæндыл ысфæлдыст, Цины зæлтæй макуы уæд мæгуыр,— Уæрдæтты хъыззытт-хъыззытт ысфæзмыс, Уыйфæстæ та тракторты гуыр-гуыр. Зар нын уæдæ, бахъырной дын фæзтæ, Райсомы симфони у дæ сидт... Царды уын æппæт фæзындтæ, ’рмæстдæр Макуы афæзм бомбæйы æхситт. 1972 аз
ДЗÆБУГ Рог кæныс лæджы уавæртæ, Де ’ппæт куыст — хæрзхъæд. Арæзт дæ æндоны къæрттæй, Тулдзæй конд — дæ хъæд. Незамантæй Мах замантæм Арæхстджын рæвдз дæ, Хорз æмбалау адæмимæ Кусгæйæ цыдтæ. Куырдадзы зынг æфсæйнагæй Араз алцы, хынц, Ставд цæнгты уæззау æрцæфæй Стъæлфæнтæ тæхынц. Ромæгты тох, Трояны хæст,— Се ’ппæты уыдтæ. Арæзтай пæлæзджын наутæ, Арцытæ, фæттæ. Айнæг дур... Болатæй конд сарт... Дзинг-дзонг кæнгæ цырд Саразыс æмæлгæ удæн Мингай азтæм цырт. Æз мæхæдæг хохаг лæппу, Бонцъæхтыл цæрдæг Рацæгъдын дæ хъæсдарæгмæ Ме ’рттиваг цæвæг... Дард фæндæгтæ... Атухынц мыл
Сагъæстæ сæ хыз: Алцы ивы мах рæстæджы Дунейыл йæ хуыз. Ног æнус... Ракетæ атахт, Зæххы риу, дæуæй... Дзæбуг та дзæбугæй баззад, Баив æй? Цæмæй?.. 1976 аз 30
КЪОСТАЙЫ МОНОЛОГ Нæ цæуын ацы дунейæ хъæстагæй> Æрхæццæ ис мæ адзалы бон — хатын. Мæ цонг æрзæбул сынтæджы кæрон, Мæ бон йæ сисын риувæйнæгмæ нал у... Кæсын ма уалæ Бонвæрнонмæ æз, Зыны — Фæхуыссы дзедзырой кæнгæйæ. Æз банкъардтон, куыд адджын уыди цард, Ныр уд исын дæр афтæ зын у, афтæ. О царды уаргъ, куыд уæззау уыдтæ, куы?! Цыдтæн дунейыл хур бон уа, къæвдайы, Æнкъуыста хæхтæ уады тымыгъ хатт, Тызмæг мигътæ-иу сау кæлмытау раст Сæ мидбынат къуыс-къуысгæнгæ зылдысты, Фырытау-иу ныггуымс кодтой кæрæдзи, Æмæ-иу уæд ныкъкъæс-къæс кодта арв, Мæ уæнгтыл-иу йæ зынджы рæхыс атыхст. Мæ дуджы хордтой хурхортæ зынг хуры, Æхсæв-иу мæйы мæйхортæ ныхъуырдтой, Сæ хъахъхъæнынæй баихсыд мæ уд, Уæддæр мæлæтæй иу хатт дæр нæ тарстæн. Бæрзондмæ стахтæн уарийау, уæддæр Нæ бафсæстæн фæлгæсынæй дунемæ. Уыдтæн сæрыстыр, алкæмæн дзырдтон: «Мæ дарæс у мæ мулк æмæ мæ исбон, Мæ ныхас та — мæ хотыхтæ мæнæн. Хæдзар мын ис, ыстыр хæдзар — бæстон конд, Цæрынæн у æппæт дунейæн фаг; 31
Цъæх арв — йæ цар, йæ уаты астæрд — сау зæхх, Йæ хъармгæнæг: рæстдзинадыл хæцын». Дунескæнæг, дзырды амонд мын радтай, Уæд мын цæуылнæ бауарзта дæ цæст Адджын бинонтæ саразын мæ царды? О уарзондзинад рафæлдисæг, ды Кæйдæр хæдзармæ буц, рæвдаугæ мæн Сиахсы хуынд куыд нæ фæкодтай иу хатт?! Мæ уаты къуымы арынджы уæлхъус Нæй, не ’рлæууыд дыстæсчъилæй кæйдæр чызг... Цы зын, цы цин нæ бавзæрстон мæ царды. Нæ бавзæрстон хъæбулы ад уæддæр, Æз не ’рбалвæстон ноггуырды мæ риумæ — Æрцыдысты «Ирон фæндырæй» ивд... Мæн уарзтой адæм, иузæрдыг уыдыстæм, Тæхудытæ зæронд бауынмæ кодтон. Фæлæ кæм ис! Быхсын хъæуы хъысмæтæн. Ыстъалыйау нæ дунейы фарн мæн Æмбис лæгæй цæхæртæкалаг хурæн Æмбæлццонау фæндаггонæй ныууагъта... 1978 аз Л2
ЗАРÆГ ХЪУЫСЫ Фæндырдзæгъдæг зары, зарæг Айзæлы дæрдтыл. Æнгуылдзтæ цæкуытау кафынц Фæндыры тæнтыл. Зарæг хъуысы: Хъыг... Хæрзæбон... Сæмбæлдзæн. Кæуыл? Хъусут, зардæн йе ’мбис — худын, Йе ’ннæ ’мбис — кæуын. Сагъæс æмæ маст мæ риуы Фембæлынц цæхгæр, Хъаматы цъыччытау калынц Зынг æмæ цæхæр. Зарæг хъуысы, у тæрккъæвда, Ахуыссыди арт; Уæрдоныл фæласынц сабыр Лермонтовы мард. Чидæр зары... Галиу къухæй Хъæдгомыл хæцы, Рахизæй Дантесы риумæ Дамбаца кæсы. Зарæг хъуысы... Тыхст, фæдисхъæр, Фест тæхынмæ маргъ! Моцæртæн дæтдзæн 3 Фæдзæхст дуне
Æууæнкæй Ныр Сальери марг! Ацы уæззау тугхъæдгæмттæ — Сау дуджы рæхуыст, Никæд бонты банцайдзæни Дунейыл сæ рыст. Бирæтæн у рмæст фæхæцын Сау калмау, сæ бон Гъе, цы цауд, цы кæуинаг у Уыдонæн сæ ном. Арцау цыргъ дзырды фæцæфæн Мастисæн хæсты Топпы нæмыг чи равзары Дзуапп рарды бæсты! 1972—77 азтæ 3&
ХÆХТЫ Нæ хæхтæм кæсынмæ Ивазын мæхи, Сæ фæуæн, сæ бæрзæнд Цæмæйзон, кæм и?! Æмæхгæд сæ хъæдæй Сæ фæрстæ — кæрцау. Ам адæмæй йе ’мдзаг — Фæндаггон, хъæддзау. Сæ ныхас мæм хъуысы,— Нæ сыл хæцы цæст — Тагъд ардæм, Ыссардтон Мæнæргъыджын æз!.. Сывæллæтты дзурын, Сывæллæтты худт: Хъæлæрдзыйæ байдзаг Мæнæн дæр мæ худ... Дæлæуæзæй хъуысы: — Куыд рæсугъд у, куыд?!— Мæ фæрсты ыстахти Ысхъæлзæнг сæгуыт... Бæрзонд хохы сæрæй — Кæм ыстулы хур — Ныхъхъæр кодта чидæр: — Фæтулы уыл дур!.. 3>
Нæ комрæбын фæзы Æрбапырх и фос. Кæйдæр хъæр мæм хъуысы: — Ныппырх кодтой хос!.. Кæмæдæр — транзистр, Нæу хъæды æмыр. Ыскъæфы рæудымгæ Фургонты гуыр-гуыр... Фæйнæрдыгæй хъуысы Ам цин æмæ зард: Мæ адæмы хъæлæс, Мæ адæмы цард. 1976 аз ЗР
УСГУР Йæхи æрдаста... Алцыппæтæй — райгонд, Сыгъдæг пысултæ авджы тæмæн калынц... — Цæрæнбон у, цæрæнбон æмæ амонд,— Сæ сыхы лæгтæ фаллаг уаты зарынц... Сæ къулыл хъен сæ даргъ айдæнмæ бакаст, Йæхицæн загъта: — Ма кæ, лæппу, ма кæ. Цæмæй фæуай дæ кайыстæм фæндараст,— Дæхицæй сæм рæсугъддæр æмбал ма кæн.— Йæ быны бандзыг сагъæсгæнгæ бандон. Йæ цæстыл уайы: Афонмæ йæ уарзон Сæ даргъ рудзгуытæ райдыдта сæрфын... Нæ хаты цинæй, хъал у æви фын... Фæзынд æм катай: дзурдзысты, дам, ууыл, Кæм ферттывта йæ лæгдзинад, йæ уаг. Уыдзæн сын иунæг уыцы хабар фаг, Кæй аскъуыди нæ хъæуы дыргъдон тугыл... Æмæ кæрон дæр бæллицтæн куы нал уыд, Ысриуыгъта йæ афтæмæй йæ цин, Æмæ ныззарыд, зарынмæ фæци: «Урсдоны былыл сау фæрдыг...»— ныззарыд! «Цæуылнæ зарай»,— бадзырдта йæм чидæр. Фæкъæмдзæстыг и, Фестъæлфыд, фæсырх. Йæ цуры — адæм. Айрох дзы ис уый дæр, Йæ уарзондзинад йе ’фсæрмыл фæтых. 37.
Уæдмæ йæ фæндаг хуры коммæ байгом, Йæхицæн загъта: «Ма кæ, лæппу, ма кæ, Цæмæй фæуай дæ кайыстагæй райгонд,— Дæхицæй сæм рæсугъддæр æмбал ма кæн...». 1976 аз 38
ТАР ХЪÆДЫ Хъæды рæхснæг бæлæстæн Минтæй зынынц сæ зæнгтæ. Хъæд фæцыди æмхæстæй Рæгъты тæккæ бæрзæндтæм. Зæд, сырхцупал мыртгæтæ, Рæгъæд кæрдо ызгъæлы... Ам улæфын, æмгæрттæ, Æз дзæнæтау æнхъæлын. Сырдтæн ам нæй ыстайæн,— Мыд ыскъахы зыгъарæг. Хъулонцармджын стайæн Нæй сырдты ’хсæн тыхарæг. Диссаг: хъæдæн йæ тары Хих нымбæрста йæ тауæй, Арс цæгъды уым гитарæ Саст бæласы фæскъауæй. Хъæд — йæ рæсугъд бæлæстæ Цардамонды æвæрæн, Уый цард дæр у, йæ рæзт дæр Адæймаджы уавæрæн. Æмæ зарын мæ зарæг, Æмæ зонут, мæ хуртæ, Бæлæстæ сты ныййарæг, Талатæ та — хъæбултæ. 39'
Зарут, дзурут æппæтдæр, Халсар хæссут æккойæ. Ам фæрæтæн æрмæстдæр Мачи скæнæд йæ кой дæр. 1976 аз 4)
СЫНТÆГ Балхæдтон дæ чындзæхсæвы размæ, О мæ сынтæг, райгонд дæ уыдтæн, Æз мæ царды амондджындæр азмæ Хуры цалхау судзгæйæ цыдтæн. Мысын, мысын, уыцы бонтæ мысын: Бонрæфты дæ къæмдзæстыг æнгас, Хурныгуылды — амонды хъæбысы... Боныцъæхтыл — сусæгæй ныхас... Уæ мæ сынтæг, Даргъ сагъæстæн иууыл Радзурæн ныры бонтæм нæ уыд. Арæх-иу сæумæрайсом мæ риуыл Хурæнгæс бæгънæг саби лæууыд. Хорз у, хорз, фыды хæстæ куы фидай, Фырцинæй куы нæ хатай дæ рис. Фидæнмæ дæ фæдисон куы ’рвитай, Уымæй хуыздæр амæндтæй цы ис? Фæлæ-иу нæм алы хатт нæ ракаст Мысинаг бон, катай дæр уыди. Бинонтæм-иу балæбурдта сау маст, Сау калмау-иу зæрдæтыл тыхсти... Хъуыды-иу куы нал касти мæ коммæ, Ирвæзтæн куы нал ардтон фæрæз,— Рисгæйæ-иу бахаудтæн дæлгоммæ Де ’нæлаз фæлмæн хуыссæнтыл æз.
Науæд баз дæ фæсчъылдыммæ бавæр, Сæр æрбабæтт, фидардæр фæлæуу, Маст куы хала бинонтæн сæ уавæр, Уæд йæ райхæлд амонды хос нæу. Фæлæ, цæй, кæлæнгæнæг фæрныджы Донзоныг куы фæкæна зæххыл, Кæлмытæн цыкурайы фæрдыгыл Хъамылы куы бацайдагъ уа хыл, Уæд куыд’-уа, куыд сæм кæсон сæрхызтæй? Уæд цы дзурдзæн хи намыс мæнæй,— ; Ме уæнгтæ фыдбаст куы уой рæхыстæй, Нæй уæддæр æнцад бадæн мын, нæй! Бамбар мæ, цæй, уатыл мæ цы бæттыс,— Уæд мæ сæф.т мыр зарджытæ куыд уой? Хатгай мын æнцойдзинад фæдæттыс, Арæх дын нæ дæттын æз æнцой. Бæллицтæ æнцойбонтыл куыд хъæцой Зæрдæйы фыдæхсæвты мæнæн? Сармадзантæй дунетæ куы хæцой, Уæд кæцæй ис удæнцой лæгæн? Фæлæ ахсæв... Ничи мæ хъыгдары,— Уарзын дæ, мæ рæвдауæг сынтæг: Цæнгтæй иу мæ нывæрзæны дарын, Узын авдæн иннæмæй сындæг... 1?77 аз 42,
ЧИ НÆМ КАСТИ? Атахтысты цады сæрты хъазтæ, Уыдон нын нæ хъыгдарынц нæ цин. Чи нæ федта уыгæрдæны хъазгæ? Чи нæм касти? Чи нæм хъуыста? Чи? Кастæн дын дæ цæстытæм æдзынæг, Дидинджыты нал уыдтон бынтон. — Уалдзæгау дын дидинæг уыдзынæн, Хуры хъарм дын фестдзынæн,— дзырдтон. Æй тæхуды, уарийау дæ сæрты Базыртыгъдæй арв-фæндæгтыл тæх, Фестин дын æз аууондарæн сæрды, Къæвдайæ дæм не ’руадзин æртæх. Нал уæндыдтæн фезмæлын дæ цуры, Атæхдзынæ — урсбазыр бæлон, Айстай мын мæ хъæлæс, æмæ сдзурын Нал фæрæзтон, нал уыди мæ бон. Баппæрстай мыл дидинæг — дæ фæндтæ, Стæй фæлидзыс, разындтæ фæрныг... Æтт, лæппу, кæм дæ æмæ цы фæдæ! Сæфдзæни дæ амонды фæрдыг. Дидинджытæ ассæстай дæ быны, Атылдтæ чыр-чыргæнгæ фæлмæн, Урс бæрзбæлас айнæджы рæбыны Мысинагæй баззади мæнæн... 1972 аз
ÆХСÆВÆДДÆ Мах фæхуыдтой дард фæндæгтæ,— Ехх, нæ цин, нæ худтытæ! Фæлæ сыстад зилгæдымгæ, Зымæг систа футтытæ. Уыд нæ хæдзар чъиуназы бын Митæхгæд хъæды тары, Царды хур, дæ уазал къух дын Бакодтон æз ме тары. Уарзæтты балц дардмæ цæуыг Боныхъæд æй амондзæн, Демæ уал æз даргъ æхсæвы Иунæгæй дæн амондджын. Нæу нын зымæг царды ныхдур, Ирвæзт ыстæм уый мæтæй,— Бамбæрстон дæ цадæг, мæ хур, Æз мæ уæйлаг нымæтæй. Арвыйас — нæ царды фæндтæ, Æрдз — йæ раттæг а фæткæн. Æз дæуæн дæ хъармгæнæг дæн, Ды мæнæн мæ тавæг дæ, Тилы арт йæ сырх æвзæгтæ, Уадз æгас хъæд райхъал уа, Зæххы хъуыды, хъæды сагъæс Хъуамæ иумæ райхалæм. Ис нын амонд, царды хæстæ, Уарзондзинад фаг, æмæ Хъусдзысты къуырма бæлæстæ Бонцъæхтæм нæ кадæгмæ. 1972 аз
ÆЗ МЫСЫДТÆН ДÆУ Æз мысыдтæн дæу, Лгуырдтон дæ, Мадæлтæ сæ сæфт хъæбулы Куыд фæагурынц, афтæ. Æз хъавыдтæн дæуæн Стъалытау æнæнымæц дзырдтæй Уарзты кадæг ракæнын. Мæн фæндыдис уды сагъæс райхалын, Ме ’рмтты та нæ зæххы къори сисын, Уый дæуæн цыкурайы фæрдыгау Балæвар кæнын. Мæн фæндыди дæу мæ уарзтæй батавын, Уды монцтæй басудзын Царды зын, æнæсæрфат кæлæнтæ. Æз нæлгоймаг дæн,— Дунейы æнæсæттон хъуырдухæнтæй Чæ нæ тæрсы, Арвы риуæй ратæхгæ ыстъалыйы Ацахсынмæ чи хъавы. Уый дæ хъарм удæн, Дæ арвæнгæс цæстытæн Цардхъомæй æнусы бонтæм уацар у! Ды аскъæфтай мæ зæрдæ, Уый бамбæхстай дæ сау дзыккуты быды, Дæуæй йæ курын цард курæгау раст; Ратт мын, цæй мæ рухс фидæны бонтæм Саубазыр зæрватыччы лæппынау 45
Атæхыны бар. Науæд нæй, Нæй фæндаг æнæ дæу, Мæлæт цы ран нæй, уырдæм. Ды фæзындтæ, Атар ис мæ цæстæнгас, Фырцинæй цыма бауадзыг дæн зæххыл. Нæй, не ’ууæндын, Æз не ’ууæндын мæ цæстытыл, Кæд, миййаг, фынтæ уынын, фынæй кæнын, Уæд тæрсын æз, Уæд тæрсын: куы райхъал уон... Кæд дæ фæзынд разына æцæг хъуыддаг, Уарздзынæн дæ, Царды бонтау ратдзынæн Иу æнусæн иннæйы. Цæй, æрбад-ма, абад-ма мæ уæрджытыл, Амондау дыл цины узæлд акæнон. Радзурон дын хуры тынау даргъ кадæг. Нæй, нæ рауад, аирох кадæг, айсæфти, Фырцйнæй æз нал сарæхстæн дзурынмæ,— Дуне дæр ды разындтæ ’мæ кадæг дæр. 1977 аз 46*
* * * Охх, цы хорз уыд уыгæрдæны хъазгæйæ! Агуырдтам нæ амонды сырх дидинæг. Æз тыхстæн, Уынæргъыдтон мæхимидæг: Уарзæттæн, дам, уый ыссард ахъаз вæййы. Ферттывтай мæм къутæргæрон уардийау, Гъæтт, фæзылдтæн, батахтæн дæм уарийау. Фæлæ-иу мæ риуы уалдзæг не ссæрд ис — Не ’хсæн-иу хъæлæрдзы къутæр февзæрдис. Расур-басур... Бафæлладтæн, уæ мæ бон, Загътон: аназ ацы тæвдæй уазал дон! Ихæйгуыргæ зарæг суадон дуры бын, Уымæй мын æрбацæйхастай дурыны. Де ’рбацыдмæ акодтон фынæй ’фсон, Мæн дæ цæст куы нæ бауарзта хъал кæнын... Уыцы уысм æнусбонтæм куыд нæ мысон? Æтт, куы цæуид ахæм бонтæ алкæуыл! Акодтай мæ уадулæн уæлæнгай ба, Æз, цыма нæ бамбæрстон — фынæй кæнын, Афтæмæй мæ сусæг хин нæ хъæр кæнын, Не хъусын дæ къæхты змæлд, дæ хъæлæба. Хæдзармæ æрбаздæхтæн цæф сæгуытау, Зæрдæ рыст, Куыд нæ хæлди, куыд нæ тыдта? Къухтæ — уазал, Бандзыг ысты ме уæнгтæ, 41
Нал уыдысты цардыл баргæ ме ууæлтæ. — Сæфы лæппу, бабын ис, цæстыгонд у... Нæу зымæгон, Хъарм рæстæг сæрдыгон у. Уæд цы кæны? Цавæр ихæн, цавæр у? Тагъддæр хостæ! Исты хсс ын авæрут!— Бакодтой мæм сау гуыбыр зæронд усы, Мæн нæ фæндыд — уымæ ма дын чи хъусы?! — Кæд цæстыгонд... Саби у, Гæлæбу у... Батутæ кæн, Батутæ кæн лæппуйыл.— Æз тыхстæн, Уынæргъыдтон мæхимидæг, Агуырдтон нæ амонды сырх дидинæг... 1977 аз 48
СУСÆГЦЫД Артурæн Уарзты дæлбар баистæм, Бацыдмæ ма чи хъæцыд? Уæ мæ зынаргъ кайыстæ, Мауал домут сусæгцыд. Чызг куы вæййы иунæгæй,— Бирæ мад нæ фæхаты. Бацыдтæн уæм сусæгæй Иу хатт нæ — фынддæс хатты. Кодтат-иу мыл хахуыртæ: Сæфт лæппу у, сайраг у. Йе куыстæн нæу, ахуырæн,— Кафаг æмæ зараг у. Баихсыди чызджы уд, Ма хъыгдарут уарзæтты. Баууæндут мыл: тынг зын у Уарзондзинад басæттын. Мауал домут сусæгцыд,— Рындз æхгæд у сусхъæдæй. Уырдæм дысон уе ’взонг чызг Рахъуызыди сусæгæй. Цардамонд дзы баййæфтам, Ма хъаст кæнут мацæмæй. Мах нæ удтæ баивтам, Баззадыстæм афтæмæй. 1977 аз 4 Фæдзæхст дуНе 49
СЫРДДОНЦЪИУ Ыскодта ахстон хæдзары дæлбазыр, Цъæх æйчытæ дзы ’рæфтыдта, Ыстæй Лæппынтæ рауагъта æмæ Йæ гыццыл уд зындоны даргæ уый Хæринаг хаста уыдонæн æрвылбон... Цæмæй зонын, цыхуызы баст у цардыл. Куыд бамбæрста, æнæмæлгæ цы у? Йæ лæппынтæй лæггад кæнын нæ домы, Ысхъомыл уой ’мæ атæхой — йæ хæс... Сызгъæрин бонтæ... Ахстон уымæн — амондгуырæн, хъарм, Æрмæст æм цыхцырæгдон макуыцæй æрхъарæд, Уымæй дарддæр хæдзарæн кæй ис Фехалæн, Басудзæн, Фæнык фестæн,— Туджы зæйтæ айвылдзысты зæххыл... Уыдæттæ йæ не ’ндавынц æппындæр. 1977 аз 50
ФÆРСДЗÆНИ ТА Цæры уый хъæуы. Нæ, мæ карæн нæу, Мæ цæстыл уайы—нал æй федтон мæй. Мæ карæн нæу, Сыгъдæгзæрдæ чысыл у Уæддæр мын уымæй стырдæр хæлар нæй. Зыдтон æй æз, куы та фембæлæм, уæд Йæ хынцфæрстытæй нал уыдзæн мæ бон: — Æхсæв кæм вæййы хуры цæст,—фæрсдзæни,— Цы ран фæуд кæны а зæххы кæрон?.. Цæмæй зоны, фæцæуын сæм ныртæккæ, Ыслæууыд мæнæу фæндаггæрон барц. Фыццаг сæ уынгæй къухаууонæй ракаст, Ыстæй мæ размæ дугъонау ныййарц... — Цы хабар дæм ис? Радзур-ма мын исты. Йæхицæн цинæй нал ардта бынат: — Ызнон нæ бабыз рауагъта лæппынтæ, Нæ мадæл къамбец быдыры ныззад. Нæ цады мидæг бабызтæ æрцарди, Дада дзы ноджы ауадздзæни уырд. Æртæхдзысты йæм аццытæ ’мæ хъазтæ, Кæрæдзи фæдыл ленк кæндзысты цырд... — Уæд кусгæ та цытæ фæкæнынц адæм?— Нæуæгæй та йæ къахæгау фæрсын. — Йæ былтæй абон силосы уæрм акалд, Сæ уыгæрдæнтæ райдыдтой кæрдын. 5Ь
Уæдмæ дын кæртæй куыдзы рæйын райхъуыст, Сыгъди сæ тыргъы дурын пецы арт. — Синет кæндзæн уæливыхтæ, Бæгæны, Æргæвддзыстæм дадайы ’рцыдмæ карк. Хъуыды кæнын: «Цы лæппу у, цы дзæбæх... Кæуылты у ныридæгæн йæ мæт. Фæлæ дæ курын, горæтмæ куы цæуон, Мæ фæдыл та-иу мауал ыску уæд». 1973 аз 52
ДЕНДЖЫЗГÆРОН (Балладæ) Куыд рæсугъд конд у ацы фæрныг къуым?! Уый аргъау у, ныффыссæн дæр ын нæй: Денджызы был диссаг зазхъæд зади, Бæлæстæн сæ рæхснæг зæнгтæ доны Айдæнау зындысты, Уылæн сæ узта... Даргъ къалиутыл буркъæдзил æхсæрæг Иу бæласæй иннæмæ Гæппытæ кодта хъазгæ, Гуыркъотæ-иу кæрдæгмæ ызгъæлдта. Ам былгæрон къуырма къæдзæх йæ риу Æнусты дæргъы уылæнты ныхмæ Ныббыцæугондау сарæзта хæцынмæ. Бæрзонд сисгæ зыд уылæнтæ сæхи Ныггуымс кæнынц цъæх айнæджы хъæбысмæ, Æмæ уæларвмæ урс пырхæн фæхауы. Фæлæ-иу арæх бафынæй ис денджыз, Йæ рæсугъд дон ызмæлыди зæрдæйау... Адæймагæн удыхос уыд зазхъæд. — О цардыбон, куыд адджын конд дæ, куы! Тæхуды, бафсæд а зæххыл, цæрынæй,— Нæрыди цыма ахæм зард дунейыл. Фæцайдагъ ардæм иу рынчын бæлццон, Йæ цæсгом-иу мыдадзау бур уыди, 83
Хуыфыд, цыдис-иу лæдзæджы æнцæйтты. Фæлæ йын уæлдæф цардыхос уыди, Булæмæргъы зарджыты зæлтæ Йæ хъустæ ахстой Æмæ, цыма сой цыди йæ риуы, Афтæ ’хсызгон каст. Фæллад лæгмæ хъæддаг мæргъты зыланг зард. Бæлццон-иу фæсырхуадул дзæбæх Æмæ-иу сæхимæ заргæ аздæхт... Уæд иураЙсом ныууынæргъыдта æрдз, Ам бульдозертæ афæйлыдтой зæхх, Экскаватор йе ссыртæй æваст Рæмудзын систа бæлæсты уидæгтæ, Ныннæрыд хъæды фæрæтты æмдзæгъд, Ыссыд-иу цадæг бæлæстæн сæ къæс-къæс, Сæ уæззау тъæпп-иу сау зæххыл фæцыд... Кæйдæр фыд-зонд нырраууат кодта бæстæ... Æрцыд та ардæм уыцы бæлццон ног Æмæ бæрзонддæр къæдзæхы сæрæй Йæ къухаууонæй дард уылæнтæм акаст, Фæлæ куы нал зад уыцы зазхъæд уым,— Фæцард ма бæлццон цалдæр къуыри хитгæ, Ам агуырдта ирвæзæн хос, фæлæ Уый сау низ та фæлдахгæ кодта цадæг Йæ уарзон зазтау маргæйдзаг фæрæтæй... Фыдихæн кодта, цудгæ-бадгæ цыд. Æнкъард цæсгом... Æнхъырдтæ ных... Къуырф рустæ... Уыд асæст.;. Иубон фурды былмæ ’рцыд, Уым бадон ысты уæрджытæ йæ быны; Æмæ æрхауди кæрдæгыл æваст. Ысхауд йæ дзыхæй иу цыбыр дзырд: «Дон».,. т
Æмæ фырзыдæй уæлдæфмæ лæбурдта, Дзагъыр цæстытæй арвы риумæ каст,— Уым мигъты фарсмæ цæргæстæ зылдысты... Æмæ йыл арвæй сау цикъæ æрхауд. Ныккуыдта денджыз, былгæронмæ скалд, Цыма лæбурдта уарзон хо йæ рустæм, Ныййарæг та йæ дзыккутæ тыдта... Фæстаг хатт ма йыл доны фынк ыскалд’,— Сыр-сыргæнгæйæ хуырты уæлæ айсыет... 1974 аз 5*
* * * Æдзухдæр уарзут айдæны кæсын, Уæ даргъ дзыккутæ алыхуызон фасут, Бæллут хæрзконд, Рæсугъд уæвынмæ, Цæмæй цæуат мæ зæрдæмæ мæнæн. Цы уын зæгъон? Уæ цард уын зонын хорз: Уæ сырх уадултæ цины артæй судзынц. Æнæхуыссæг Цъæх æхсæвтæ... Уæ фынты Чындздзон дарæс куы скæнут æмæ Куы фæцæут чындзы.... Æмбарут: уый хуымæтæг хъуыддаг нæу — Сымахмæ дуне мад уæвынмæ сиды... Уæ амонд уæд цъæх уалдзæгау рæсугъд. Фæлæ цы у мæ бæллиц та?— Уæ бирæ цин. Уæ хъæзтытæ, Уæ фынтæн Сæ сæйраг уидаг — сабийы ныххудт. Æмæ йæ уарзты дидинджыты ’хсæн Йæ зæрдæйы цыкурайы фæрдыгау Æмбæхст кæмæн нæу мад уæвыны монц,— Æвгъау ын ысты уыцы фынтæ, Цинтæ. 1972—78 азтæ
ДИДИНДЖЫТЫ УАРЗТ Сырæзт фæзы бур дидинæг хъалæй. Бур уæлдзарм худ сæры уæлæ ’ркодта. Уый йæхицæн царды сæр æнхъæлæй Уардийæн йæ уарзты таурæгъ кодта: — Зæгъ дæ фæндон, зарæг дыл нывæндын, Нал у, нал у авд азы мæ бон. Мæн дæ уарзтæй ахицæн нæ фæнды, Цæй, уæдæ цы фæуон ’мæ куыд уон? Æз цырагъау судзын æмæ тайын, Уарзт мæ риуы нал бады æнцад. Зæгъ дæ фæндон, радзур æй, уæд та йын Амондау нывонд кæнын мæ цард? Райхæлдта сырх базыртæ нæ уардй, Раст цыма йыл разгæмттæ уыди. Уарзоны зæрдæбын дзырдтæй ради, Уарзты зынгæй сусæгæй сыгъди... Уый фæндыд, йæ базырджын лæппынтæй Уыгæрдæн куы ыскалид цæхæр. Уайсадын æм нал цыди æппындæр, Загъта уый йæ уарзонæн цæхгæр: — Æз мæ уарзты дард бæллицты тахтæн, Нал ис монцтæн зæрдæйы лæууæн,— Мыдыбындз куы æрбатæхид тагъддæр, Ууыл у мæ уаз сагъæс мæнæн. 1978 аз
ФÆНДАГЫЛ Фæцæйцыд чызг, Æмæ йыл лæппу амбæлд. Æмæ йыл дардæй чызг Йæ цæстытæ æрхаста: Йæ дарæсыл, Йæ кондыл: Иæ сау рихи, Рæхснæг уæнгтæ, Дæргъдзæсгом... Йæ сау галстук Йæ урс хæдоныл баст... Стæй амбæхста йæ цæстытæ, Акодта æнæуынæг йæхи, Афтæмæй фæцæуы. Лæппу та æргом Йæ цæстытæй фæцæйныхъуырдта чызджы. Къæлæсæрфыг, Ехсбыд дзыкку, Сырхуадул... Æмæ, ’вæдза, Сæ цæстæнгас кæрæдзийыл Нæ фæхæст,— Цы ми кодтаид æрдз... 1977 аз 58
САБИТЫ ХЪАЗТ Уынджы хъазынц сабитæ: Чызг æмæ лæппу. Бæстæ — сабыр, Арвы къуырф тæн-цъæх... Лæппу — ифтонг «хотыхтæй»: Йæ роныл бабаста хъæдын æхсаргард зулмæ, Цавæрдæр зæронд хъатара — уæхскыл Къухтæм систа хъазæн автомат. Стæй «фæдис!» Фæхъæр кодта æваст, Размæ атахт, дуры фæстæ амбæхст, Ахуыссыдй кæрдæгыл дæлгоммæ, Æмæ цыма йе знæгтыл æхста Гранаттæ, Афтæ-иу йæ къухæй Фехсæгау нывзыста. Уалынмæ, йæ хъæлæсæй цыма Автомат ныкъкъæр-къæр кодта, афтæ Айзæлыд йæ хъæр. Чызг та фалдæр хурварс бады нæууыл, Аив байтыдта хъæццул, Æмæ дзы къæцæлы чындз бæтты Æмæ зары, зары «А-лол-лай...». Хъазæнтæ: Сынтæджытæ, Тæбæгътæ... Уалынмæ та иуварсæй фæцыди 59
Лæппуйæн йæ хъæр... Чызг фæмæсты, Лæппуйыл йæхи Ныццавта: — Ма хъæр кæн, Фынæй уыди мæ чындз, Æмæ мын æй сыхъал кодтай, чъиллон! Уынджы хъазынц Чызг æмæ лæппу, Афтæмæй сын ничи загъта: — Хъазут. 1977 аз 60
ЗÆРОНД УС Уæвгæйæ дæр куыд диссаг у, Куыд диссаг у лæджы цард? Æнусты уæз ыстыр хæхтау Йæ уæхсчытыл æрæнцад. Æмпылд рустæ, Къæлæт астæу, У катайаг æдзухдæр. Фæцæуы та гуыбыр-гуыбыр, Афтид-зæбул — йæ къухтæ. Ысмæллæг ис, Хуыфгæ-хуыфын Йæ зæрдæйæ фæхъæрзы: — Æрбакæнут мæм дохтыртæ. Сæрнизы хос фæфæрсы. Æртæхæхсад æрбавæййынц Йæ цæстытæ фырмæтæй. Æнхъæлцау каст æрбакæны, Тæрсы, мæгуыр, мæлæтæй. Уæддæр ма йæ куы афæрсай: — Куыдтæ цæрут, Куыд ыстут?— Уæд хъаст кæнын куы райдайы Йæ тыхст зæрдæ, йæ тыхст уд: — Мæ фыццаг чындз — æнæзæнæг, Фыдцъылыс у мæ дыккаг, 61
Æнхъæлцау нын бæргæ вæййы,— Куынæг кæны нæ мыггаг. Цы нæ кæнын, Цы нæ дзурын, Мæ сæр хойын æз къултыл, Уæддæр, мæ хур, мæ кæстæр фырт Нырма дæр ус нæ куры. Йæ уд, йæ дзæцц — сывæллæттæ, Фæрог вæййы йæ зæрдæ, Куы сæ фены, йæ дзыппæй сын Куы фелвасы æхсæртæ... Уый хъаст кæны, Уый сар кæны, Йæ сомытæ фæкæны: — Кæй нæй саби мæ къонайыл, Мæ низ мын уый нæ кæны. Æртæхæхсад æрбавæййынц Йæ цæстытæ фырмæтæй, Æнхъæлцау каст æрбакæны, Тæрсы, мæгуыр, мæлæтæй... 1977 аз 62
ЗАРÆГГÆНÆГ Гуыбырастæу, тæнæгрихи Хъараман, Цы ’вгъау уыдтæ мæлынæн!.. Дæ зондджын дзырдтæ Баззадысты царды Уды ныфс, зæнджы магъзау, фæндагсарау... Хъуытаз хъæлæс, дæ зарджытæ — Исахъыл, Нæ хæхты хъæбул Сосойыл Æнусбонтæм нæрдзысты. Мæ цæстыл уайы: хъæуы куывды бадыс, Дæ къухты ис дзæбидыры сыкъа, Дæ зарæгмæ нæ урс хæхтæ æнкъуысынц. Ды уарзтай кусын, Райхалын зыдтай Зæххы хъуыды. Дæ хор уыди ыставддæр гага хорты ’хсæн, Уыди дæ фос та бакастджындæр фосы ’хсæн. Зыдтай ды алцы, Фæлæ Кæй ис мæлæт — нæ уырныдта уый дæу... Гъей, гъей, нæ ныфс, нæ хуымгæнæг, кæм дæ? Цæй, рабад-ма, цъæх уалдзæг та æрцыди. Ныхъхъæр та кæн — дæ армытъæпæнтæ Дæ былты фæрстæм авæр: — Уæ Джиуæрга! — Уæ Залыкъа! — Гъе Пискъа! Рацæут хуым кæнынмæ, Кæм ыстут?! О хордæттæг! 63
О хоргæнæг! Нæ цæхх æмæ нæ кæрдзын Нæ дунейы бындур ысты,— дзырдтай-иу,— Адæймагæн йе ’взаг ’мæ йæ хъуыды Макуы ’ртасæд уый зæгъынмæ: Нал и цæхх, кæрдзын Нæ хæдзары... 1976 аз «64
ФЫРТ Мæ зæрдæ риссы, О лæппу, дæ риуыгъд Зæххы ’нкъуыстау нызмæлын кæны мæн. Чысылæй кодтай къахдзæфтæ мæ риуыл, Лæвæрдтон цард мæхи цардæй дæуæн. Æнхъæлмæ кастæн: Байрæздзынæ искуы, Фæрог кæндзынæ истæмæй мæ арм Мæ цард бæллицтæй адджын фынау атахт, Ыслæг дæ ныр, Мæ уазал бон ысхъарм. Æрмæст тыхсын: Зæрватыччы лæппынау Уæззау цардмæ куыд абалц кæнон дæу? Куы нæ аскъæрай денджызты ыстыр нау, Куы нæ ныккæрдай быдырты мæнæу. Дæхи рæдувыс иуварсмæ мæ уарзтæй, Мæ ри’уы тугтæ уый тыххæй ныттагъд. Нæ дæ уадзын мæ дыууæ цонджы бастæй, Фæзыны не ’хсæн бустæ æмæ загъд. Дæу сайы дуне йе ’рфытæм, Цы кæнон? Куы дын зонин дæ рæстдзинад, дæ хин,— Уæд дын мæ сагъæс (зын æмæ æгæрон) Фæдзæхсæгау, мæ цардыбон, зæгъин: Мæхи дæ цардыл бабастон рæхыстæй, Дæ номы хъуамæ ма хуысса мæ зынг. Дæ тызмæг дзырд мæ зæрдæйæн — рæхуыстау, Дæ уарзон дзырд — æнæкæлгæ мæсыг. 5 Фæдзæхст луне 65
Дæ хъысмæт бæтт дæ абоныл, дæ сомыл, Дæ хæдзар ма уæд авдæн узтæй цух. Кæн-иу ныфсæн Дæ фыды номæй сомы, Дæ мады дзырдыл макуы сис дæ къух! Дæ фæндаг даргъ—сырх дидинæгджын фæзтæ, Мæ риуы дын дæ сыгъдæг уарзт хæссын. Фæндараст у, Мæ къух тилгæ дæ фæстæ Мæ цины цæссыг калгæйæ кæсын. 1975 аз 66
мит Дысон-бонмæ залты мит Пирæнгæмттæй уарыди, Сыхæй сыхмæ ахизæн Хъæувæндæгтыл нал уыди. Хъæд — æгуыппæг, Арф митæн Зæхх нымбæхст йæ хъæбысы. Хъæуæй кæмттæм, æрдузтæм Хъæр æппындæр нал хъуысы. Дуне фестад урс-урсид, Доны былмæ фиййæуттæ Къахвæндæгтæ айгæрстой Хъæпæнты сæ фиййæгтæй. Царды цинад бирæ ис, Мачи тæрсæд чиуынæй, «Нæй нæ хæхты цардамонд» Чи зæгъдзæни? Чи уыдзæн?! 1974 аз 67
ÆРТÆ ХАБАРЫ 1 Нæ Мила куыдз нæ уæныгыл фæцахуыр, Æмæ-иу уæныг сæрвæтмæ куы скъæрдтам, Уæд-иу йæ фæдыл Мила дæр фæцыд. Бон-иу уæныг цъæх кæрдæгыл хызт, Мила та-иу къутæры дæллагхъуыр Йæ фæстæгтыл бадт Æмæ уæныджырдæм касти. Изæрыгон-иу хуры цæст куы ’рцъынд, Уæд-иу хъæмæ æрыздæхтысты иумæ Мила æмæ уяеныг. Уæд иубон хъæды уæныгæн йæ къах Ныффидар ис куыддæртæй Уидæгты æхсæн, Фæлæ цы уыди Милайæн йæ бон? Æркодта уым æхсæвиуат йæ цуры, Кæрдæгыл хуыссыд... Æрæджиау фæзындйс тугдзых сырд кæцæйдæр. Куыдз фесхъиудта, нынниудта, Ыссыди уайтагъд се ссырты къæпп-къæпп,— Кæрæдзи хордтой, сæвдылдысты туджы... Нæ рауад сырды цуаны рацыд хорз, Фæлæ нæ уыди Мила дæр æвыд,— Сæ дыууæ дæр Сæ кæрæдзи фæрсчыты Дæндæгтæ сагъдæй баззадысты мардæй. Бонырдæм куыддæртæй суæгъд и къах, Æмæ хъæумæ ’рцыди уасгæ уæныг.
Бонрухсæй куы сыстадыстæм — федтам: Уæныг уынджы каугæрон лæууыд — Не ’рхуыссыд æгас æхсæв, йæ цæссыг Гагатæй йæ размæ рыгмæ калд. 2 Мæ фыд кæдæмдæр дард балцы фæцыд, Фæстæмæ здæхти уалдзæджы къæсæрыл, Фæлæ æрбатар хæхты сæрмæ арв, Æртыхстысты йыл дондыппырæй мигътæ. Æрттывта арв, Гæрæхтæ систа сонтæй, Фæрухс-иу ысты къуылдымтæ æваст, Гъестæй къæртайæ калæгау ныккалдта. Бæх размæ уадау ’лхынцъ къæдзилæй уад, Фæлæ тæлтæг дон ралæгæрста кæмтты, Уæззау къæйтæ тылдта æмæ фæлдæхта, Ызмæст уылæнты аныгъуылди хид. Цы кæна ныр?! Фæстæмæ здæхæн нал ис. Бæх балæгæрста арф доны Æмæ фæфæлдæхт уайтæккæ æд барæг. Лæг нал фæзынди уылæнты бынæй. Бæх раирвæзти былмæ æмæ уæд Тъæбæрттæй тахти, дурвæндæгтыл уади... Æрхæццæ и нæ хæдзармæ Æмæ Фæдисы мыр-мыр хъарæгау ныккодта, Ныххоста зæхх йæ цæфхæдтæй тыхджын. « Фæдис, Фæдис!— Ныдздзынæзта мæ мад.— Нæ бæх æрхаста афтид саргъ кæцæйдæр!» Фæфæдис хъæу. Уынгæг кæмтты ’хсæн дон ;6?
Æрра тахт кодта, Стыр бæлæстæ ласта. Мæ фыд ысбырыд Донласт фæрв бæласмæ, Йæ къухтæй фидар къалиутыл нындæгъд. Фæкъул-иу бæлас, Æмæ та-иу уæд Фæцæйтахти ызмæст уылæнты арфмæ... Лæгтæ скъæфтой даргъ бæндæнтæ цырд, Фехстой-иу сæ, Фæрв бæлас æрцахстой, Æмæ фервæзт афтæмæй мæ фыд. Уыцы бонæй фæстæмæ нæ бæх Æгас хъæубæсты номхæссæн фæци. 3 Нæ сæгътæ хæхтæм хизынмæ цыдысты, Уым та дагъы ’хсидгæ суæрттæ ис,— Сæгътæ сæ былтæ сдæргæ нуæзтой. Фæцайдагъ сыл и дзæбидыр Æмæ сæ хицæн нал кодта æппын, Кæмдæриддæр сын раздзæуæгæн цыд. Хъыг касти уый нæ боцъоджын цæу Бодзмæ, Æмæ сын иубон Бацайдагъ и хыл. Слæууыд Бодз йæ фæстæгтыл, Йæ дзуарса тъæпæн сыкъатæ уый Дзæбидырмæ ныццарæзта æрцытау. Дзæбидыр та ацыди фæстæмæ, Раскъæрдта ’мæ Бодзы сæрæн — къæрцц. Бодз фæхъил и, Æмæ та уæддæр Дзæбидыр йæхи кæнæнтæ кодта: Боныгон-иу сæгътимæ цыди, 'Хсæвыгон та айнæгыл хуыссыд. 70
Иубон сæгътæн уа раджы цæуын Нал бантысти айнæджы бæрзæндтæм: Хъæуы чи’ йæ сæгъы кодта ’лвынгæ, Чи та фаста тинтычъи — фæлмæн. Дзæбидыр бæрзонд айнæджы тигъæй Схъæлсæрæй нæ фосдарæнтæм каст. Уалынмæ дын топпы хъæр фæцыд, Расхъиудта сæрцæф дзæбидыр коммæ. Адæм загътой: «Сæмбæлæд дæ риуыл, Чидæриддæр дæ.» Дзæбидырæн уыйадыл йæ цард Хохбæсты нæ фесæфт: Уалдзæджы нæ хæдзарон цъæх сæгъ Сæрвæты хъæддаг сæныкк ныййардта... 1978 аз 71
РАЙГУЫРÆН БОН Сабийы райгуырдæй бæстæ ног кæны. (Адæмон ныхас) — Сабийы куыд айхъуысæд дæ хæдзарæй,— Афтæ баззад хорз дзыллæтæм арфæтæ, Иугæр саби дунемæ куы райгуыры,— Цардæн хизы адæймаг йæ арфытæм... Сабийы цæмæн фæхъæуы аузын? Уый цымæ æнæузгæ цæмæн кæуы? Авдæны узт уый зæрдæйæн — удæнцой, Афтæ йæм фæзыны кæд: цæугæ кæны... Иугæр саби дунемæ куы райгуыры, Къаддæр кæны царды уæз, йæ рыстытæ, Уæд ныззарынц уый цæрæнбон, уарзгæ йыл Баузæлынц тутæгæнгæ устытæ. Райдайы фæлгæсынтæ, Æнцад хуыссын Нал фæуарзы авдæны фæлмæн базыл,— Рацæйбады, схъил кæны йæ гыццыл сæр, Бæттæнтæй йæ гыццыл къухтæ фелвасы. Авдæнхъæдыл бабæттынц сырх фæрдгуытæ, Урс дзæнхъа, Мыр-мырæгтæ, Сæныччы хъул. Мады цин, куы райхъал вæййы — уайтагъд та Райдайынц кæрæдзиуыл дзыгъал-мыгъул. Авд фырты уат Авд хъæбулæн Авдæн у — 72
Ном ыл адæм не сæвæрдтой дзæгъæлы. Хъæбулы сырх тъæпæнтæй куы æрбæтты,— Мады зæрдæ фырцинæй куыд нæ хæлы!.. Райгуырд саби,— Ног къахдзæфтæ, Ног хъæлæс... Цард бæллыдис ахæм цины уазæгмæ. Дард бæстæйæ зæрватыкк æбатахти Заргæ-зарын хæхты цины уалдзæгмæ. Лæг дунемæ райгуыры фæцæрынæн, Уый фæхъавы бафидынмæ царды хæс. Фæлæ равзæрд иу фыдбылыз, иу зындон — Адæймаджы уд ныхъуырæг тугдзых хæст. Мады уæнгтæ фырмæтæй ныррызтысты: Быдыртыл куы ныггуылф кæна судзгæ арт, Уæд Иссæйау атæхдзæни йе ’фсургъыл, Арвæрттывдау ферттивдзæни йе ’хсаргард. Мадæн уайтагъд ауади йæ цæстытыл. Судзгæ танктæ мидбынат куыд ныззилынц, Салдæттæ куыд андзыг вæййынц тугкалгæ, Зæххы риуæй бомбæтæ куыд фесхъиуынц... Фестад цыма уыцы ран йæ хъæбул дæр: — О, фæлтау йæ ныййарæг æрбамæла! Топпы нæмыг цардхор у, æгъатыр у — Искуыцæй мæ хъæбулыл куы сæмбæла. Зæрдæ йæ ысдзурын дæр нæ фæразы: Саударæг... Зæрдæнизæн — куырдуаты чызг...— Дард хæтæнтыл аивгъуыдтой хъуыдытæ, Авдæнмæ ныггæр-гæр кодта цæстысыг. Мад йæ фыртыл адæлгом ис адæргæй, Раст цыма йæ тохы артæй рахаста. Уæд йæ зæрдæ ногæй хурварс абадти, Æмæ та ныззæй кодтой йæ сагъæстæ... Чи зоны мын Бегайау ысгуыхт.лæг уай, 73
Сахъ Черменау уды бартыл батыхсай, Чи зоны, Исахъау мын уæззау хæсты Де уæнгтыл дыууадæс цæфы бабыхсай. Уæ мæ дарæг, Митсæр хæхтæ хъазæнтæ Ма фенхъæл æддæуæз кæсгæ быдырæй, Ма сæ бамбар, раджы ма у, науæд дын Сабион цард баззайдзæн хæрзцыбырæй. Рацу царды амондагур, цардбæллон, Царды мæсыг бахъахъхъæн фæлдæхынæй. Уый дæуæн — фæдзæхст дуне, фæдзæхст амонд, Дидинæгау цæр, хъæбул, æнæхинæй. Зæхх дæ бæрны бауыдзæн рæхджы, мæ бон, Амонд нæй, ыссарын хъæуы амонд дын. Уый æмбæхст у а бæсты ыстыр фарны, Адæмы хæдгуыргæ зонды, амынды. Сиды дæм ыстыр дуне, мæ фæдисон, Атæх æм дæ урс цухъхъайы барæгæй, Топпы хъæрæй ма райхъал кæн дунеты,— Дунеты мын барæвдау дæ зарæгæй. Зæхх дæуæн цыкурайы фæрдыг уыдзæн, Дар æй д’ армыл, Цардæмхицæй, райгондæй, Райсом дын дæ мад æмæ дæ фыды ном Баиу уыдзæн иу дзырдимæ: «Райгуырæн». Бирæ ысты дард фæндæгтæ, буц хъæбул, Чи сæм бæллы, номдзыд цардæй уый цæры, Усгур мын куы абалц кæнай,— Ма рох кæн, Ис æмбæхст сызгъæрин чызг хæфсы цъары. Нæй нырма дын иу хъуыды нæ райхæлдтон, Ис зæххыл дыууæ дидины-уарзæттæ, Хъахъхъæн-иу сæ хос кæрдгæ, Дæ цæвæг сæ Ма ныккæрдæд уыгæрдæны, уадзæд сæ.
Сабийæн йæ хъомыл кæнын, йе схæссын Райгуырынæй ноджыдæр зындæр хонын. Хъахъхъæнут, о мадæлтæ, уæ сабиты — Уый у æрдзæй бафæдзæхст, зын тæрхон у. Мадæн цард чызджы бонтæй хæрзæлгъин у, Уайтагъд æй чындзы фæндагыл арвиты. Уæд йæ фæндаг цъæх нæудзарæй ахизы, Ахоны йæ цæгатвæрсты арф миты. Уæд æнкъарын райдайы йæ уæхсчытыл Царды стыр уæз — ацæуы йæ тугимæ. Мады рæвдыд лæппуйы куыд тынг хъæуы, Тынг æй хъæуы фыды зæрдæ ноджы ма! Ис фыдтæ, Ис ахæмтæ, йæ уды зынг Сабиты æппæт амондæн чи хъары, Уый лæггад, йæ а-лол-лайы зарджытæ Урс зымæджы сау дуртæм дæр бахъарынц. Уыдон зонынц: хорз удыхъæд, хорз æгъдау Хуры тынтау дард дзыллæтыл аххæссынц, Уыдон цыкурайы фæрдыджытау Кæд хъæуы хæдзари-хæдзар ахæссын... Саби райгуырд, Райгуырди, æнаххос у. Фыд? Фыдæн та — бирæ сагъæс, бирæ ’гъдау. О, фæлæ ма ахæмтæ дæр бирæ и, Чи у знæт йæ бинонты ’хсæн бирæгъау. Алидзынц сæ бинонтæ, сæ хæдзарæй, Базыртæ сыл, кæс, мæлдзыгау базайы, Къухмæ уидыг чи нæ зоны сисын дæр, Уыцы саби къулбæрзæйæ баззайы... Уыдон та — ныййарджытæ, æлгъыстæгтæ,— Адæмæй иппæрд æмæ æнæнымад. Чи скæны йæ сабиты æххæст хъомыл, Уыдонæн та — хæхтæй дæр бæрзонддæр кад!.. 1971—78 азтæ 75
НÆ ХÆДЗАР Уæлхох фæзы рæбын ыстыр тулдз Арвы цæфы ныхмæ Йæхи цыма ныббыцæу кодта, афтæ Дзæбидырау ысхъæл сæрæй лæууы... Тулдзы фарсмæ Фастаг дурæй амад, Фæтæн къæйтæй æмбæрзт — Нæ хæдзар, Дунемæ бæрзонд ранæй фæлгæсы. Уырдæм хохы фахсыл, Дæтты сæрты хидтыл Даргъ калмау къæдз-мæдзытæгæнгæ Цалхæйнад хæххон Аæндаг ыссыди... Айнæг бындур, Фидар у нæ хæдзар: Тулдз фæйнæгæй конд Фæтæн дуар, Йæ цуры Хъен лæугæ хæххон мæсыг зыны. Мæсыг иууыл топпыхосæй арыд, Туджы зæйтæй амæст, Батыдта уæззау дугтæ æнусмæ... Хæдзарæн йæ бакомкоммæ арвы Дзедойы хох сæфсæрста хæрдмæ. Йе уæхсчытыл урс фысдзæрмттау раст Цъититæ æмгуыдынæй хуыссынц. Цъупсæр хæхтæ даргъ рæнхъæй лæууынц,
Фæлмы бамбæхст дард кæмдæр сæ кæрон... Телхъæдтæ нæ хæдзары фæрсты Хохæй хохмæ ацыдысты дарддæр... О дард бæлццон, ысаккаг кæн нæ къæсмæ. Йæ рæхыс тонгæ, Урс дæндæгтæ ’рттивгæ Нæ хъæхъхъаг куыдз лæбурдзæни дæумæ, Фæлæ ма тæрс, Иу бон нæм куы фæуай, Уæд дыл сахуыр уыдзæн, Ацæудзæн-иу дард сæрвæттæм демæ. Нæ къæсæр-иу нын ма бахой лæдзæгæй, Мидæмæ-иу бахиз Хионау. Мæ урсзачъе фыд фембæлдзæн дæуыл, Æфсымæрау дын райсдзæни дæ къух, Æрвадау дын рæдау фысым уыдзæни. Хъæздыг нæ ма ’нхъæл, Хæдзары дзаума — Арынг, Стыр тулдзы бындзæфхадæй — хæндыг Царвау бур тымбыл цыхтытæй йе дзаг. Егъау къутуты равзаргæ мæнæу Ехсы фындзæй нымайынæн бæззы. Нæ сырх бæхæн йæ фыццаг къæхтæ урс, Йæ ных дæр урс у, стъалыйау зыны. Къæпсырдзæфхад, Куы йæ бахъæуы сæр, Уæд дурвæндæгтыл уаддымгæйау уайы. Фысы дзугтæ нæ хъæугæрон зынынц. Дзуарсасыкъа, боцъоджын цæутæ Къæдзæхты бæрзæндтæй Цъититæм цæххæнхъæлгæ кæсынц...
Нæ къултыл ауыгъд хорз гауызтæ нæй, Къостайы къам — сæ бæсты, Йæ къæмисæнмæ къухбыцæу æвæрдæй Уæззау хъуыдыты бафтгæйæ кæсы. Къоста — поэт, Дунейы мæт, йæ рыст Йæ зæрдæйы уæззау хъæрзгæ фæхаста. Нæ хæхбæстæй куы хицæн кодта, уæд. Дæуæн æмæ мæнæн Фæдзæхста дуне, ’фхæрд адæмы цард, Кавказы Бонвæрнон Къоста. Къулыл ауыгъд — хъисфæндыр, Хъисфæндыр нæ зæрдæты хæзна у. Ис йæ тæнты ивгъуыд дугты рис, Февнал æм хæрз чысыл, æмæ уæд Уый ныззардзæн. Æз куы фенон, Уазæг нæм æрцыд, Уæд дæ размæ Рауайдзынæн уайтагъд: Чи у, чи? Мæ хæлæрттæй та чи ’рцыд? Чифæнды дæр разынай, æз дæ Фырцинæй ныууигъдзынæн мæ цæнгтæй, — Цæй, куыд дæ?— Фæрсдзынæн дæ бæстон,— Дæ сабитæ куыд цæрынц ’мæ кæм ысты, Мæ фæндиаг куы уаиккой, бæргæ. Фæлæ, миййаг, æнæзонгæ куы уай, Уæд дæ бæстондæр бафæрсдзынæн ноджы, Æнæзонгæйы буцдæр дарæм мах. Кæрæдзимæ цæуын хъæуы, цæуын. Лæг лæджы куы нæ уына цæстæй, Уæд зæрдæйæ дæр рох вæййы, фæзæгъынц... 78
Дæхи æнкъар сæрибар æмæ ’дыхстæй, Раст цыма дæхи хæдзары у, афтæ. Фæдзурынц Иры Уазæгмæ, дам, ис Æртæ гæдыныхасы: Нæу ын уазал, Стонджы йын нæ вæййы, Хуыссæг æй нæ фæахсы изæр. Фæлæ уыдон тынг хорз зонынц хæхты, Æмæ дыл нæ баууæнддзыстæм мах. Мæ кусæнуатмæ бахондзынæн дæу, Уыцы ран чысыл фынг æвæрд ис Рудзынггæрон. Хуры тынтæ раст Райсомраджы сæмбæлынц мæ риуыл, Æвдадзы хосау ахъарынц мæ уæнгты. Уæд райдайын мæ зарджытæ фыссын, Мæ риуæй гуырынц цинæйдзаг дзырдтæ, Мæ зæрдæйы цавд баззайы сæ мидæг, Мæ цард сындæггай уыдонмæ цæуы... Хъуырдухæнтæн быхсын æмæ тыхсын, Æнусты сагъæс бафтыди мæ фæдыл, Æмæ йын нæй кæронмæ дзурæн, Нæй. Мæ цард у афтæ: Хорздзинад куы фенын, Ныггуылф кæны зынгирвæзтау мæ цин. Фен гæххæттытæ — Хъулæттæ, Рæстытæ, Хатгай сыл мæ цæстысыг æртæдзы, Куы та сæ хурау ракæсы мæ цин, Афтæмæй мыл царды бонтæ уайынц... Кæд мæ кадæг бахъара дæумæ,— Раив æй дæхи ’взагмæ, Уыдзæни 79
Уый мæ лæвар д’ адæмæн. Куы ацæгъда ирон фæндыр мæ чызг, Уарийау дæ бафæнддзæни стæхын. Иры ’нæрцæф, уазæгуарз кæстæртæ Цухъхъаты куы рагæпп кæной кафтмæ... Кæкæ симд, Дæларм-дæларм нæртон симд, Уый куы фенай, Уæд зæгъдзынæ ды: — Гъæ тæхуды, ацы диссаг кафт Чи зоны, Кæй фæткы и, Кæй туджы!.. Мах цалынмæ ныхæстæ кæнæм уаты, Уæдмæ уыдзæни фынгæвæрд цæттæ: Кусарт, Фынджы уæлæ уæливыхтæ ’вæрд, Сау бæгæны кæхцытæм кæлдзæни Урс фынккалгæ, Зæрдæйы æлвасдзæни йæхимæ. Фынджы хистæр Урсзачъе зæронд лæг Сидтытæ кæндзæн: — Уарзонад, Æфсымæрдзинад, Бæлццæтты цæрæнбон... Уыйфæстæ дæм сыхбæстæн сæ номæй Кад æмæ цыты нуазæн ратдзæн. Нуазæн у, Куырыхон лæг куывды Зæрдæйæ цы цин æмæ цы уарзт Уазæгмæ нæ фæразы ысдзурын, Уый æвдисæн. Адæмы зæрдæйы хорзæх — нуазæн... Чи-иу фесгуыхт карз тохы быдыры,
Уымæн-иу уæд хорзæхы бæсты Дзыллæ радтой Иры кады нуазæн, Æмæ баззад диссаджы фæткæн. Зонын æз: зæххыл цæрæг дзыллæтæй Алкæмæ йæхи дæсныйад ис — Раргом кæны хойраджы æмбæхст ад. Фен уæливых, Науæд та фыдджын, Баназ нын нæ бæгæныйæ ронгау! Уæд зæгъдзынæ: Дунейы фынгтыл Ацы фынгау сфидаудзысты тынг, Уадз æмæ сæ адæмтæ кæной — Алкæмдæр ирон хойраджы феной. Мах ыстæм чысыл адæм — ирæттæ... Цъусæй царды баззадыстæм мах, Кæй нæ быхсæм Кæйдæр дæлбар, гъеуымæн. Нæ фыдæлтæ — Алантæ, Сæ ивгъуыд цард, Сæ тох Баззади цыртдзæвæнтæй дунейыл. Арв сыл калди, Туджы зæй сыл цыд, Уæддæр сæ мыггаг баззади цæргæйæ. У цыбыр сæ хæстон ард: Фесгуых кæнæ амæл. Кæд цæрæм, Уæд бархийæ, Кæд мæлæм, уæд иумæ. Фыдвæдæй, дам, æвæд уæвын хуыздæр у. Кæд не скодтам ыстыр бынтæ дунейыл, Уæддæр нын бантыст саразын æгъдау: Кад — хистæрæн, 6 Фæдзæхст дуне
Æгъдаудæттæг —кæстæр, Бафидын ныййарджытæн сæ лæггад. Зонгуытыл-иу тохы бон æрхау, Макуы æрлæуу зонгуытыл Кæйдæр раз... Æмæ сæрыстыр уымæй ыстæм мах! Нæ куывды фæтк бæллиццаг вæййы махæн, Нæ хистæртæ куы рабадынц рæнхъæй Нæ урс хæхтау, Сæ зарынæй зæххы уæлцъар нырризы. Аназынц дзæбидыры сыкъатæ, Сæппарынц сæ уæлдæфы хæрдмæ. Кæстæртæ сæ ацахсынц æваст. Нæ уд, нæ дзæцц — æхсаргардæй хъазт махæн. Рауадзæм бæхты дугъ, Милмæ ’хсæм тæхгæ-тæхын нæ бæхтæй... Гъеуыдон та дын не ’гъдау æмæ фæтк. Куы фæуа бадт, Куы баулæфæм, уæд Мах хурныгуылды ацæудзыстæм хæхтæм. Ам Дзедойы бæрзонддæр рындзæй дæу, Ыстъалытæм куы сæвналис — фæнддзæни. Уым карды комау æфцгуытæ цыргъæй Хæрдмæ ыссæуынц комрæбынтæй далæ, Лæгъз фæтæнтæ сæ хосгæрстæй зынынц — Ыстайы фарс — тæлмытæ ’мæ гæрæмтæй. Бæгънæг къæдзæхтæ, Арф кæмтты хъæлæстæ, Рагъы уæле айнæджы хæд сæрмæ Дардæй кæсгæ чъиу нæзы бæлæстæ Салдæтты хуызæн даргъ рæнхъæй лæууынц. Ам Тъепле, Бурхох аивгъуыдтой арвы, Æваст куы скæсай уыдонмæ хæрдмæ — Дæ худ дæ сæрæй рахаудзæн фæстæмæ. Айнæгæй æхсæрдзæнтæ кæлгæйæ Урс бæхы пырх къæдзилтау зынынц, 82
Куыддæр сæм комы бацæуай хæстæг — Сæ уымæл дымгæ цæсгомыл æмбæлы... Бæрзонд тигъыл куы ыслæууай, уæд дын Сыффытт кæндзысты цæргæстæ дæ фæрсты, Ды хъусдзынæ сæ базырты хъыррыст. Рындзæй дагъмæ акæсгæйæ ды Фендзынæ дзæбидырты ыстыр дзуг. Ис сын хистæр: Къæдзæхыл лæууы Схъæлзæнгæй, ысхъæл сæр, Йæ сыкъатæ антеннæтау зынынц... Фæлгæсы кæмттæм, Исты тæссаг, уæд Ныхситт кæны фæдисгæнæгау дзугмæ, Æмæ ыстæхынц бæрзæндтыл хæрдмæ. Ам хæхты арвайдæн — Хъелы цад зыны, Цъититæй йæм алырдыгæй дæттæ Портитау ысхъиугæйæ тæхынц,— Цæстысыгау — сыгъдæг, Ихы къæрттау — уазал. Хæхты фæрстыл фидæрттæ ныхæст, Зындзысты сауæй топпæхсæн хуынчъытæ. Хæхтæм-иу куы ’рбабырста фыдгул, Ам-иу стынг и топпыты дæнг-дæнг. Къæдзæхтыл-иу сыздыхсти цъæх фæздæг, Тугхъулон-иу фестадысты дуртæ. Удæнцой у Суæртты ком махмæ,— Сæдæгай рæттæй дурты бын æхсидынц Æмæ сæ сыр-сыр суæрттæн цæуы. Куы сæ фенай — фæкæсдзæни дæумæ, Цæвиттон, хохы арф зæрдæйы ис Лабораторитæ Æмæ цæттæйæ хорз нарзантæ уадзынц... Æрыздæхдзыстæм хохбалцæй фæстæмæ 83:
Нæ хæдзармæ. Мæ зæрдæйыл æнкъард сагъæс тыхсдзæн: Цæуынмæ хъавыс. Цы дын зæгъон? Дæу мысдзынæн сывæллонау, Дæ фæстæ ’нкъард кæндзынæн. Æмæ дæ курын, Ма нæ фæкæн рох, Куы дæ фгвдæла ацы хатт, Уæд та-иу уазæгуаты ’рцу Нæ уазæгуарз хæдзармæ. 1975—76 азтæ 84-;
ХÆХХОН ФÆНДАГ Цæуыс, уæд цу дæ фæндагыл уæндонæй, Кæд нæ, уæд та дæ къонайы уæлхъус Фæныкгуызау æнхъæлмæгæсгæ бад. Мæ бæллицтæ ысызнæт кодтой мæн, Æмæ цæуын нæ урс хæхты бæрзæндтæм. Цы кæнон ныр? Мæ сырх дидинæг хохбæрзæндыл зайы, Йæ фарсмæ та дыууæ суадоны ис, Сæ иу у уазал — ихы къæрттау раст, У иннæ та æхсидгæ донау тæвд... Уадз фыццаг дон ныууазал кæна мæн, Уадз дыккаг та мæ басудза ахъаззаг,— Мæ сырх дидинæг басгарон, уæддæр. Тæссаг у, искуы арф лæгæтæй арс Кæнæ та тугдзых сырд — гæрæмхъулæттæ стай Куы нынниуа, тызмæгæй мæм йæ дзых Фæкъæпгæнгæ куы рагæпп кæна сонтæй... Лæг хатгай хъоргъы аирвæзын зоны, Науæд фыдбылыз — цъитийы ыскъуыд, Куы йыл ысбады ног миты тæнæг цъар, Фæсайы уæд фæндаггоны — Æмæ дæ фыдгул афтæ — аныгъуылд кæмдæр... Цы кæнон ныр? Кæдæм цæуон? Кæцырдæм? Уæддæр цæуын, цæуын æмæ цæуын. 85
Мæхи ысцæвын сау мигътыл, куы та Фæбæгънæг вæййы стъалыдзæсгом арв, Къуырын зæгæлтæ дурайнæджы, миты, Мæхи ысбастон даргъ бæндæнæй æз. Уæлæмæ къахдзæф, иннæ къахдзæф, аннæ... Хæлуарæг раст куыд фæхæцы йæ тыныл, Æз дæр лæууыдтæн сæрсæфæныл афтæ Ауыгъдæй. Тыхамæлттæй бæрзонд цъупмæ ысхызтæн, Хъæлæсы дзаг — гъей-гъей, дуне!— ныккодтон... Цы ссардтон æз? Цы бафтыди мæ къухты? Мæ дидинæг нæ райхæлди æххæст, Суадæттæн та не ссардтон сæ гуырæн. Æрмæст мæ цурмæ цъитийы рæбын Æрбацыди дзæбидыры лæппын. Мæ армытъæпæныл ын цæхх Æрызæрстон сындæггай, æмæ сдæрдта... Куы æрхызтæн нæ хуымгæнд зæхмæ, уæд Сырх мæнæу æз мæ алы фæрсты калдтон, Æмæ цъæх базырджын хъæддаг бæлæтты дзуг Мæ хæд фæстæ пæр-пæргæнгæ цыдысты... 1972 аз
СÆРГÆНДТÆ «Комкоммæ дзырд бирæтæн тæрхон у.. Фæсуалдзæг Ленин . Фæдзæхст дуне Æз куы кæсын ме ’мдзæвгæтæ, уæд. Хæдзаргæнæг Тох Дыууæ фæндаджы Æз хуымгæнæг дæн Царды сæр . Уыцы уалдзæг Цин æмæ маст Топпы нæмыг Хъæууон нывтæ Мæт Куырм бæх Бирæгъ Сауцъиу Дзæбуг Къостайы монолог Зарæг хъуысы Хæхты Усгур . Тар хъæды Сынтæг Чи нæм касти? Æхсæвæддæ Æз мысыдтæн дæу «Охх, цы хорз уыд уыгæрдæны хъазгæйæ!., 87
Сусæгцыд Сырддонцъиу Фæрсдзæни та Денджызгæрон «Æдзухдæр уарзут айдæны кæсын...» . Дидинджыты уарзт Фæндагыл Сабиты хъазт Зæронд ус Зарæггæнæг Фырт ’ Мит Æртæ хабары Райгуырæн бон . . . . . Нæ хæдзар Хæххон фæндаг ООО ЕФИМ ВАСИЛЬЕВИЧ ТЕДЕТЫ Завещанный мир Стихи на осетинском языке Редактор С. 3. X у г а е в Художник X. Й. Зангиев Художественный редактор У. К. Кануков Технический редактор А. В. Ядыкина Корректоры А. Г. Царакова, М. Г. Гадзалова. ИБ №404 Сдано в набор 10.0179. Подписапо к печати 1103.79. ЕИ 00801. Формат бумаги 70х901/32. Бум. тип. № 1. Гарн, шрифта лиге- ратурная. Высокая печать, Усл. п. л. 3,22-(-0,03 вкл. Учетно- изд. листов-2,96_(-0,02 вкл. Тираж 1000 экз. Заказ № 3051. Дена Зр коп. Издательство «Ир» Управления по делам издательств, ’полиграфии и книжной торговли Совета Министров СО АССР, г. Орджоникидзе, ул. Димитрова, 2. Книжная типография Управления по делам издательств, полиграфии и книжной горговли Совета Министров СО АССР, г. Орджоникидзе, ул. Тельмана, 16. 49 50 51 53 56 57 58 59 61 63 65 67 68 72 76 85