/
Text
Нафи
сыр^оны
цæееьштæ
А&~*Л^
Нафи
еьгороны
14æееьштæ
Роман
Дзæуджыхъæу
2005
84 Осет
Д-80
В оформлении обложки использованы
фрагменты картины *Нарт Арахдзау»
художника А.В.Джанаева
Джусойты Н.
Д-80 Сырдоны цæссыгтæ: Роман 2 чиныгæй - Дзæуджыхъæу:
Ир, 2004 - 655 ф.
Джусойты Н.Г.
Слезы Сырдона
В романе дана широкая панорама жизни быта нартовского обшества. В
нем Нарт Сырдон выступает как опора беднейших слоев, носитель всего доброго
и светлого.
„4702040000-5 - А. в/ п
НМ131(03)-05 3~05 84 °сет
© Джусойты Н.Г., 2005
15ВЫ 5-7534-0654-8 © Чеджемты Г.З., оформление, 2005
Ныстуан
Ацы чиныг йæ къухмæ чи райса, уымсей курæг дæн иунæг
хорзæх: афтæ-иу ма зæгъæд — нæргпон адæмы хабæртпгæ æз
мæхæдæг хуыздæр зонын, искæй ныхæстæм ма цы хъусон!..
Ахæм хъуыдыйæ чи атигъ кæна йæхи чиныгыл, уымæн та зæ-
гъын: фаувæдис хорз нæу, стæй æз хабæрттæ дзурыныл дæр
нæ дæн. Нæртон оунемæ уый охыл нæ фæцыдтæн...
Уырны мæ, алы ирон лæг дæр йæ сабийæ фæстæмæ хъуыс-
та нæртон адæмы кой. Æз та мæ мидсагъæсты цæргæ кодтон
уыцы дунейы, нæртон адæмы ’хсæн, æмæ мæнæн уыцы дуне
æмæ уыцы адæмы цард мæлæты бонмæ мысинаг сты. Сæ кой
дæр уымæн дæн ракæнинаг.
Чи зоны, исчи зæгъа: сайæн ныхæстæ, уæгъдидон фанта-
зийы мысæггаг хабæрттæ! Нæртон дуне — аргъауæй растгæ
цæстфæливæн æмæ удирхæфсæн у, æндæр ницы! Лæг кæм
фæцæра, ахæм дунейы æууæлтæй йæм ницы ис. Æцæг цард —
уый æрмæст нæ дуджы цард у, æцæг адæм — нæ рæстæджы
фæлтæр, нæ фыдæлтæ æмæ нæ фæстагæттæ! Нæртон дуне,
нæртон адæм — уыдон сæрысуанг мысæггаг сты, æндæр ницы!
Искæй зондæй уый, чи зоны, раст у, фæлæ мæнæн иæртон
дуне æмæ иæртон адæм æцæг æмæ цардæгас уыдысты мæ сау
сæрæй мæ урс сæрмæ. Сæ цин æмæ сæ хъыгæй, сæ хорз æмæ
сæ фыдæй тыппыр у мæ зæрдæ æмæ сын хъуамæ ракæнон сæ
царды бæстыдзаг хъизæмæртты таурæгъ, зæрдæозæстæй йæ
куыд федтон, мæ сонт удæй йæ куыд банкъардтон, афтæ.
Уæд, чи зоны, никæмæуал фæкæса нæртон дуне мысæггаг, чи
зоны дзы алчи дæр, мæнау, фена æцæг царды æууæлтæ.
Байхъус, хорз лæг, нæртон дунейы таурæгъмæ зæрдиагæй
æмæ, чи зоны, йæ кæрон зæгъай: æцæг афтæ уыдаид, удæгас
царды гакк ыл бæрæгæй зыны!.. Кæд афтæ на рауайа, уæд
уыдзæн кæнæ мæ аххос — нæ сарæхстæн аив радзурын, кæнæ —
дæу... зæрдæйæ уæзхъус разындтæ.
5
Лцы чиныгæй арын,
сагмæ кæрдæджы цьупп хæссæгау,
Абайты Вассойы ном.
фыцднр чыныр
Фыццаг хабар
ряйеомы снбыр
1
Уалдзæг æрцыдис нæртон бæстæм, æвæджиауы уалдзæг! Зæхх
сулæфыд йæ риуы дзаг. Быдыры комулæфт уылæнтæ кодта сау мæры
сæрмæ. Быдыры фыццаг хъæбултæ сæ щ>æх сæртæ сдардтой æмæ
дзагъырдзæстæй кастысты дунемæ. Исдугмæ джихæй — нæма зыдтой:
цин кæной æви сагъæс ацы дунейыл, фыццаг хатт кæй уыдтой, ууыл.
Ратыдтой сæ авдæнбаст бæлæсты къуыпатæ дæр æмæ фæлурсцъæх
гæбынатæй æрцауындзæг сты чысыл сыфтæртæ лыстæг къалиутыл
зæххы хъарм улæфтмæ æввахсдæр рæтты. Æгæрон быдыры фароны
хиталджыты цурты, æрттиваг хъæндилтау, фæпæртт-фæнымæг код-
той ноггуырд дидинджытæ — кæм сæнтурс, кæм æрвгьуыз, кæм та
зынггъуыз уæфтыл хъазыдысты морæ тæбынæй нывæфтыдтæ.
Æгæрон быдыры астæу æмвæтæнæгæй цыд нæртон цæугæдон
Арпадан. Йæ райдиан нæ зынди — æмбæхст кæмдæр Уазайы хохы
арф кæмтты, стæй хохрæбын тар хъæды ’хсæн, фæлæ быгъдæг
быдыры йæ дзаг уылæн æрттивæнтæ кодта: арвыл — Æрфæныфæ-
дау, бæрæгæй лæууыд суанг быдыры кæрон мигъвæлмы рæбынмæ.
Уазайы хох дæр быдыры астæу, уæныджы къуыбыр сыйау,
фæцыд арвы цъæхмæ. Раст цыма уый дæр иу уалдзыгон хъарм
æхсæв æвиппайды сзади райсомы æрбарухсмæ, афтæ ногдзыд æмæ
хъандзалæй лæууыди. Æнхъæлмæ каст хуры скастмæ... Æппæт
7
дæр нæртон дунейы цыбæлæй æнхъæлмæ касти хуры фæзындмæ,
цыма фыццаг хатт каст хур ацы дунейыл...
Æмæ бæрæг нæу, чи федта фыццаг хуры тулгæ цалх — Уазайы
къæдзæхсæр æви дæлæмæдзыд цъæхдзаст дидинæг, искуы быды-
ры астæу йæ мæллæг уæрагыл дзойдзойгæнгæ. Фæлæ хур быды-
ры кæрон мигъвæлмæй æвиппайды йæхи фехста арвы тыгъдмæ,
цыма, зæрин мыдыбындзау, искуы дидинæджы къусчы æхсæви-
уат кодта, ныр йæ зæрдыл æрбалæууыд йæ куысты рад æмæ ра-
тындзыдта йæ фæндагыл.
Сцин-сæмбу кодта нæртон дуне, зарæг æмæ цины хъæртæй
байдзаг бæстæ, мæлдзыгæй фынæй мигъы пирæнгоммæ Уазайы
цъуппыл змæлæг æмæ тындзæг систы. Агуры мæлдзыг, лæджы
цæст кæй нæ уыны, уыцы тынвæндæгтыл амонд, тых, фæллой.
Фынæй мигъы къуыбар дысон-бонмæ лæууыди Уазайы къæдзæх-
цъуппы ’нцой. Ныр райхъал, йæ рог уæнгтæ, уарийы базыртау,
айвæзта æмæ фæленк кæны рæсуг арвы малы хурмæ, хæрзæмбæ-
лæгау. Райхъал Арпаданы былгæрæтты тар хъæд. Нырма сыфтæр
хъарм лæнчыты рафтыдта æрмæст æмæ гæрæмтæй лæууы: кæм —
фæлурсцъæх, кæм — бурбын, гæдыйы арыд чъылдымау. Ныууыгъта
йæхи, фæллад бæхау, ауызта йæ мин-мин, æрдзæ-æрдзæ армы
тъæпæнты фынæй мæргъты. Уыдон дæр фæпæррæст кодтой. Сæ
цины, цардмондаджы, æвидигæ хъаруйы зарæг айзæлыд уæлдæ-
фы, хъæды сæрмæ йæхи систа. Арпаданы былгæрæтты кæмттæм
багуылф кодта æмæ зилахаргæнгæ сфардæг Уазайы цъупмæ —
хурæн арфæхæссæг. Ныттылдтой сæ сæртæ, ныдздзойтæ кодтой
сæ мидбынæтты фырдиссагæн дидинджытæ, къæрццæмдзæгъд си-
стой сæ лæмæгь армы тъæпæнтæй, кафæгау кæнынц хуры цинæй.
Æрмæст нырма сабыр сты нæртон адæмы хъæутæ: Уæллаг Нарт,
Æхсæртæггаты хъал адæм, тыхы сæрыл лæуд адæм, уæлдайдæр
сæ гуыппырсартæ, фынæй сты нырма, дысон суанг кæркуасæн-
тæм фæбадтысты ныхасы æмæ сæ фæллад уадзынц; Астæуккаг
Нарт, Алæгаты нымд æмæ Хуыцауæн кувæг адæм, зæххыл æмæ
хоргуыстыл æнувыд; Дæллаг Нарт, Борæты фосджын æмæ бон-
джын адæм, лæгдыхæй дæр æххæст, сæ фосмæ сын чи фæныхила,
уымæй цирхъы ком чи нæ раздахдзæн, ахæм. Чысыл дæрддзæф
ис Фæснарт дæр. Уым дæр схъæлсæр æмæ тыхджын адæм цæры,
кæд Æхсæртæггаты не ’ййафынц, уæддæр.
Ам цæрынц нæртон адæм. Цух ницæмæй сты: зæхх, фос, хъæд —
æппæт сæ къухы. Зилахары быдыр — æгæрон, фосхизæн, хорза-
йæн зæхх. Хус лæдзæг дзы куы ныссадзай, уæддæр ыл уалдзæг
сыфтæр рахæцы, къалиутæ йыл разайы. Чысыл куыстæй стыр
фæллойы зæхх. Фæлæ адæм кæддæриддæр æмæ кæмдæриддæр
8
иухуызон нæ хæссынц: иу кусын уарзы, иннæ — цæл кæнын, иу
тыхы сæрыл лæуд у, иннæ дзæгъæлдзу лæджы цирхъæй йæхи бахи-
зынмæ дæр хаттæй-хатт рæвдз нæ разыны. Афтæ сты адæм дæр.
Уалдзæджы æрцыдыл æцæг æмхуызон цин кæнынц: Æхсæртæгга-
тæ — балцы цæуæн рæстæг сын æркодта æмæ та искæуыл сæ тых
æвзардзысты, фос тæлæт кæндзысты, ныхмæ чи лæууа, уый мардзыс-
ты, тыхджынæй сæхæдæг дæр æвыд нæ баззайдзысты; Борæтæ — сæ
фосы рæгьæуттæ ныр уæгьдибарæй хиздзысты, сойджын кæрдæгыл
фиу æвæрдзысты æмæ та сын нæрдгусæрттæ цæттæ, сæ ис бæзджы-
нæй-бæзджындæр кæндзæн; Алæгатæ — æрцæудзæн та хор æмæ еуу
тауæн заман, сæ хуымтæ та дæрдтыл ныззилдзысты æмæ æфсирхъæ-
лæсæй фæйлаудзысты; ронг æмæ æлутон фыцдзысты, чъиритæ æмæ
физонджыты хæрздæф уæлæрвтыл æмбæлдзæн æмæ дауджыты,
зæдты æмæ стыр Хуыцауы зæрдæ рухс кæндзæн; сæлæфзæрдæ дуаг
та кæддæриддæр хæлар вæййы йæ кувæг адæммæ. Хорз зонынц се
’ппæт дæр: Æхсæртæггатæ — цалынмæ тыхыл стырдæр тых сæмбæ-
ла, уæдмæ йæ разы ницы фæлæудзæн, æдыхæн йæ фæллой дæр, йæ
уд дæр дæу уыдзысты, тыхы бон бирæ у; Борæтæ — тых барджын
æмæ æппæтхъом у, фæлæ тыхджынæй-тыхджындæр фæзыны, кæ-
рæдзи бахæрынц, дыууæйæ дæр стъæлды фæвæййынц, фæллой та
баззайы, чи йæ бакуыста, уымæн: тыхгæнæг æвæстаг у, фосджын
та — сойарм æмæ дæргъвæстаг; Алæгатæ — хуыцæутты зæрдыл хорз
куывд æмæ зæрдиаг лæгъстæ лæууаг у, быцæуæй ницы рахæссæн ис
дуæгтæй маст æмæ фыдбылызæй дарддæр; коммæгæсы хуыцæуттæ
бирæ уарзынц, цæф ыл арæх не ’мбæлы, хорзæх та йæм хауаг у;
уалдзæджы куыст — фæззæджы кувинаг, адæмæн — царды хос, хуы-
цæуттæн — ахъазаг!..
Афтæ цæрынц нæртон дунейы адæм мæнæ уалдзæджы къæсæ-
рыл, — незаманæй фæстæмæ се ’гъдау афтæ уыди æмæ йæ ныр
дæр ивинæг не сты. Æрмæст æртæ лæджы хицæн кæнынц уыцы
фæткæй æмæ уыдон та æгад, æнæнымад сты.
Алæгаты куырм бæгъатыр Ардагъу, Борæты хъуыраугæнæг
Алафарн æмæ Æхсæртæггаты куырд Армимаз —Нæртон адæмæй
хурыл фыццаг уыдон сæмбæлдысты. Фынæй ма кæнынц иннæтæ,
фæлæ Армимазы куырдадзæй хъуысы куынцы уæззау улæфт,
фæздæджы билцъ йæ сæр сдардта ердойы дзыхæй. Нæма райхъал
сты иннæтæ, фæлæ Ардагъу-уæйыг растад йæ хуыссæнæй, æхсæ-
вæй бон куы хицæн кодта, уæд рацыд кæртмæ, йæ бадæн къода-
хыл æруагъта йæхи, йæ цæсгом скодта хурыскæсæнмæ æмæ æн-
дзыгауæй бады — кæд сæмбæлдзысты йæ тæнцъар уадултыл хуры
тынтæ, йæ иууыл стырдæр æхцон уыдон сты мæгуыр бæгъатырæн
йæ куырмæджы царды. Бирæтæ, сабийау, райсомæй фынæйгæнаг
9
сты, фæлæ Алафарн æхсæвы цъæхæй сыстад, сарæзта йæ хæдза-
ры дæлбазыр рагъæнтæ æмæ сыл хуры скастмæ æвæрд фæци аив
рæнхъытæй йæ æлыгæй конд æфсад: хъуырæуттæ, къустæ, нуа-
зæнтæ; стыртæ, чысылтæ, даргьхъуыртæ æмæ хæлиудзыхтæ...
Арпаданы былмæ æввахс хъæдгæрон ис иу халагъуд, пыхсæй
конд. Уый цæрæн хæдзар нæу. Хъæдæй зынгæ дæр нæ кæны, чи
йæ скодта, уый дæр ничи зоны, ничи дæр уымæй фæрсæг ис — чи
зоны йæ фарон сæрды тæвды æнахъом сабитæ сарæзтой аууонда-
рæн. Фæлæ ацы уалдзыгон райсом уый дæр афтид нæ разынд.
Дысон уым хуыссыд иу лæппу-лæг...
Уый дæр фестад, йе уæнгтæ айвæзта, йæ цæсгомыл йæ ар-
мытъæпæнтæ æрсæрфтытæ кодта, йæ дзоныгъ, цыма йæ рафта-
уын йæ зæрды уыди, уыйау дыууæрдæм арайваз-байваз кодта æмæ
сыджытдзар астæрдыл фæлæууæг гомкъахæй. Цæуылдæр ахъуы-
ды кодта, стæй фæсдуармæ фемдзаст æмæ цины уылæн ахъазыд
йæ цæсгомыл: фæсдуар тымбылтæй хуыссыд йæ куыдз. Лæппу
æрдзуццæг кодта йæ разы æмæ йæм мæстæймарæгау бадзырдта:
— Æй, Фатакуй, æгæр цыма фынæй кæныс. Цалынмæ дын
бирæгъ дæ дымæгыл нæ фæлæууа, уæдмæ йæ зонгæ дæр нæ бакæ-
нис хæрзаг...
Кæсæд ма йæм исчи, ай та мæнæй хиндæр куы разынд!
Худы лæппу. Йæ дæргъæццон æрвгъуыз цæстыты рауай-бауай
кæны цины тъыфыл иу кæронæй иннæмæ, чырæджы маргъау. Йæ
дæргъæццон фындзы бын ныттынг сты мыдгъуыз тæнæг рихитæ,
иучысыл фæлдæхт былы уадздзаджимæ хаттæй-хатт фæтымбыл
вæййынц, фæлæ та сæ худæджы тых фæйнæрдæм айвазы.
Куыдз æм кæсы йæ хинæйдзаг цæстæй, иу гагуыйæ иннæмæ,
фæлæ змæлд дæр нæ кæны, цыма йæм растыны зæрдæ нæй, уыйау.
Æмæ лæппу нæ зоны, хъаза йемæ æви йæ ныууадза. Уæд куыдз
йæ мукъутæ ратыдта йæ хъарм тæнæй æмæ йæм фæкъæпп кодта.
Лæппу фæтарст æнæнхъæлæджы æвнæлдæй, фæлæ йæ армытъæ-
пæн уæддæр фæтылиф кодта куыдзы комæй. Фатакуйæн никуы
бантысти йæ хицауы арм ацахсын, — уый та уымæй цырддæр у! —
æмæ йын хъыг уыди, фæлæ дзы кæй фæтарст, уымæй йæ зæрдæ
барухс æмæ фестад, йæхи йыл баппæрста æмæ йыл лæппу дæр
атыхст, астæрдыл атылдысты чысыл сабитау. Куыдз хъыс-хъыс
кæны фырæхцонæй, лæппу зæрдиагæй худы.
— Фаг у, ныууадз мæ, ды тыхджындæр дæ! Фаг у! Цом æмæ
уал нæхи ныхсæм, стæй уæд бон цæуы æмæ фарн дæр кæд нæ
иуваерсты на аселф кæнид. И, цы зæгъыс, Фатакуй?
Куыдз ма иу каст фæкодта йæ хицаумæ æмæ дуарæй феддæ.
Дуар та дзы ахæм уыд — æртæ пыхсы къалиуы кæрæдзийыл бас-
10
тæй, — æмæ йæ Фатакуй йæ бырынкъæй, арынджы цъылынау,
аппæрста. Æвиппайды Зилахары уалдзыгон быдыр цæсты раз ай-
тынг, йæ сæрмæ ирд арв бæрзонд фæцыд суанг хуры цæхæрцæст
тымбылмæ. Хуры тынтæ цыхцыр ныллæууыдысты зæххон дуне-
мæ. Лæппу исдуг фæсæццæ фырæхцонæй, стæй рагæпп кодта
æддæмæ. «Æ, оу!» сирвæзт йæ риуæй æмæ цæнгтæ хурмæ сивæз-
та, афтæмæй сагъдау аззад халагъуды размæ, бæгъæмвадæй, ай-
дагъ фæсмын хæлафы.
Цæстытæ айдзаг сты арвы цъæх æмæ зæххы гæрæмтæ сауæй.
Уазайы ирд бæрзонд, йæ хъæдæмбæрзт уæнгтæ, сыфтæрты кæр-
дæггъуыз фæлм æмæ Арпаданы уадздзаг аныгъуылдысты йæ цæс-
тыты арфы. Цины уылæн æй йæ быны фæкодта æмæ дзы цыма
фæхуыдугау, стæй та фесхъиудта йæ сæрмæ, уыйау арф ныуулæ-
фыд æмæ сæнт хъæр фæкодта: «О-о-ой!..»
Ничи фæзынд йæ хъæрмæ, æрмæст ыл уайтагъд Фатакуй йæхи
æрбаппæрста æмæ йын уазал дзæмбытæй йæ гом зæрдæсæр ахъы-
дзы кодта. Лæппу йын йæ мукъутæ ацахста, аууæрста сæ, йæ рус-
тæ сыл ахафта æмæ стæй йæхи фехста Арпаданы ’рдæм:
— Фатакуй, тæхгæ!
Лыгъд радтой лæппу æмæ куыдз. Исдугмæ куыдз фæразæй,
фæлæ йæ лæппу баййæфта æмæ йын иу уылынг аразæйы бар нал
лæвæрдта. Афтæ тагъд истой сæ къæхтæ æмæ сыл цæст нæ хæ-
цыд, дардæй афтæ зынд, цыма дыууæ дæр зæххы ’мвæз ленк кæ-
иынц уæлдæфы. Былгæрон дæр сæхи нал баурæдтой: лæппу уыцы
иу гæпп акодта бырцæй хуыдыммæ. Фатакуй дæр йæ цыргъ бы-
рынкъ комхæлиуæй фæтъыста змæст æмæ уазал доны, кæд æй нæ
фæндыд, уæддæр.
Куыдз уайтагъд уæлдонмæ слиуырдта æмæ былмæ фездæхта
йе ’ргом. Лæппу чысыл дæлдæр фелвæст доны æмвæтæиæгæй, йæ
дзыхæй цыхцырæгау рафу кодта комы дзаг дон æмæ йæ пыхцыл
сæр ныттылдта, стæй уый дæр былгæронмæ сарæзта йæ ных, йæ
цæнгтæ дæрдтыл исгæйæ.
Фатакуй йæхи ацагъта æмæ лыстæг хуырыл фæбадæг. Лæппу
аракæс-бакæс кодта, стæй бырцы аууон балæууыд, йæ хæлаф феп-
пæрста, дзæбæх æй ныллæмæрста, аратил-батил æй кодта æмæ йæ
фæстæмæ йæ уæлæ стъыста. Иу дæргъвæтин æхситт — æмæ та
дыууæ æмбалы уæлдæфы тæхын райдыдтой.
Халагъуды раз чысыл алæууыдысты. Ныр хур æрæндæвта æмæ
сæ доны уазал айрох, фæлæ исты хъуыд хæрын. Ахъуыды кодта
лæппу, стæй бацыд гомдуар халагъудмæ æмæ хъуырауæй систа
еууæй конд гуыл æмæ хъæбæр цыхты къæртт. Йæ дæрдджын
фæсмын къандзолгонд йæ дæларм баппæрста æмæ та æддæмæ ра-
11
хызт. Арвыл йæ цæст ахаста, хъæдгæроныл афæлгæсыд æмæ цыма
йæ фæнд конд фæци, уыйау фæзылд йæ куыдзмæ. Фатакуй хуыс-
сыд хæбæццæй, йæ сæр йæ раззаг дзæмбытыл. Йæ цæстытæ сзылдта
лæппумæ, ома дæм цы фæнд ис, фæлæ бамбæрста, лæппу бæстон
нæ алыг кодта йæ боны царды фæнд, æмæ та йæ цæстытæ æрцъ-
ынд кодта. Лæппу дæр фембæрста, Фатакуй дзы разы нæу, æмæ
ныр та нарты цæрæнуæттыл ахаста йæ цæст. «Цæуин нæхимæ
æмæ та Сатанайы уайдзæфтæм чи хъусы... Йæ къæбæр — уайдзæ-
фæй дзаджджын, сойагæй — къæрис... Уырызмæг дæр та йæ зон-
ды цыргъ фæлвардзæн мæ иунæг сæрыл... Йæ карды цæф, чи
зоны, æнцондæр уромæн уаид зæрдæйæн... Нæй, цæмæ дзы цæу-
ын?.. Куыст дзы ницы ис — сæ фос Борæты бар сты, сæ хуымтæ
сын Алæгатæ кæндзысты, балцы хабæрттæ ма сты æмæ уыдон та
мæнмæ нæ хауынц... Нæ, уырдæм мæ ницы цæуинаг ис, фæлæ, чи
зоны, Алафарны абæрæг хъæуы, цы ми кæны йæ хъуырæуттæн,
фæкæсын æм хъæудзæн, уый иунæг у... Æй, Фата, цæугæ мемæ,
ам дын хæдзаргæсæй цæргæ нæу, — цæмæ дзы кæсай? Фи-итт!»
Фатакуй æхситтæй бамбæрста, ныр æцæг у конд лæппуйы
фæнд, æмæ йæм кæсгæ дæр нал скодта, фестад, йæхи айвæзта
æмæ сындæггай фæцог, ома уадиссаг ницы æрхъуыды кодтаис, цы
дæм кæсон. Мæ фæндаг уал цыбыр кæнон, стæй бæрæг уыдзæн
дæ иударон фæнд дæр...
2
Лæппу цыдис сындæггай. Иу хиталæг сыскъуыдта æмæ йæ
æууилæгау кодта, афтæмæй касти дунемæ. Йæ зæрдæ ради æмæ
хъуыды ницæуыл тыхст, цыма дзы хъуыды кæнын бынтондæр
ферох, уыйау, æрмæст йæ цæстытæ зыд кодтой дунейы уалдзыгон
хъулон ахуырстыл. Йæ бæгъæмвад къæхтæ афтæ арæхстгай æвæрд-
та зæххыл, цыма, æнæрхъуыдыйæ дидинæджы зæнг куы асæтта,
уымæй тарст. Борæты сыхмæ куы баввахс, уæд фæкъæмдзæстыг:
байрæджы кодта, Алафарн йæ хъуырæуттæ хаст фæци æддæмæ
æмæ сæ рарæгъ кодта тарæйттыл — хус кæнæнт хурмæ, арты тæф-
мæ сындæггай схус сты, ничи сæ аскъуыд. Дæсны уыд Алафарн
йæ хъуырæутты зынджимæ хæстæй æвыдæй ракæнынмæ. Лæп-
пуйæн дæр бирæ фæцамыдта йæ хъуыддаг, тынг æй фæндыд —
ацы цымыдис лæппу йын куы базонид æмæ куы бауарзид йæ ар-
фæйаг куыст, йæ зæрдæ йæм куы раттид æмæ йæ Алафарны фæс-
тæ куынæ аппарид. Æцæг ууыл архайгæ аивтæй кодта, æргом дзу-
рын йæ ныфс нæ хаста: лæппу Æхсæртæггатæй уыд æмæ уыдон та
схъæл адæм уыдысты, хордзонмæ æввахс сины фыд хæрын дæр
12
сæ сæрмæ нæ хастой. Мах, дам, хæстон адæм стæм! Карды комæй
æмæ фаты бырынкъæй агурæм ном æмæ сом, ис æмæ бон. Сы-
джытæй нæ къухтæ нæ чъизи кæнæм. Æцæг лæджы къухтæ, дам,
хъуамæ тугæй ахуырст уой — тохы бон знаджы тугæй, къаты бон —
кусæрттаджы!..
Нæ уарзта Алафарн уыцы зонд, стæй йыл фидар хæст чи уыд,
уыцы адæмы дæр, фæлæ быцæу нæ кодта семæ: хъуырау æмæ дуры
хабар — фæнды хъуырау дурыл цæв, фæнды дур хъуырауыл, сæт-
гæ хъуырау кæны... Тыхы дуг у æмæ цы дæ зæрды ис? Дурæй
зондджындæр куы нæ уа лæг, уæд æй зондæй нæ басæтдзынæ.
Бады йæ хъуыраугæнæны фарсмæ Алафарн, змæнты сургомау
æлыг йæ фидар æнгуылдзтæй. Аразынмæ ницы хъавы, фæлæ йæ
ахуыр афтæ у æмæ йæхи ирхæфсы. Бады фæйнæджы лыггагыл,
дыууæ цыбыр къуыдырыл æй сæвæрдта æмæ дзы бандон рауад.
Йæ разы фароны хаст æлыджы султъы. Знон æй донæй балæхъир
кодта æмæ йæ абон æууæрды, бæрæгбоны чъирийаг хыссæйау æй
уырзтæй сгаргæ æууæрды — иу лыстæг къуыбары мур дæр дзы куыд
нæ фæуа. Къухтæ архайынц сæхæдæг. Алафарн кæсгæ йæ размæ
кæны, фæлæ йæ хъуыды æндæр кæмдæр хæты æмæ уынгæ ницы
кæны, æрмæст зæрдæдзæсты нывтæ кæрæдзи ивынц йæ разы...
Тыхджын лæг уыд кæддæр Алафарн — хъæбысæй хæсты, дур
æппарынмæ, дугъы уайынмæ йыл æрмæст Ардагъу уыд тых,
Уырызмæджимæ та фылдæр æмдыхыл нымад уыдысты. Фæлæ
балцы æрмæст иу хатт ацыд, уый дæр йæ лæппуйæ, йæ зонд куы-
иæма æрцахста, уæд... Ныббырстой цыдæр бæстæм. Алафарн ын
йæ ном дæр нал хъуыды кæны... Хъæздыг бæстæ уыд кæмдæр —
быдыр фосæй сау дардта, фæлæ йæ дарæг фос искæй дзæгъæлдзу-
тæн лæвар чи кæны? Тыхæй хъуыд архайын æмæ бафæнд кодтой:
Уырызмæг рæгъаугæс куыйты асайдзæн, бирæгъдзармы сæм ба-
хъуыздзæн æмæ йæ фæдыл куыд ныххæррæтт кæной, афтæ, ли-
дзынмæ фæуыдзæн, куыйтæ йæм куыд æввахс кæной, афтæ сæ
фатæй мардзæн. Фыййæуттæ дæр уымæ фæуыдзысты æмæ уæд
Алафарн рахъæр кæнæд рæгъауыл æмæ сæ скъæрæд Нарты уæзæг-
мæ. Ардагъу-уæйыг та фæдисы фыййæутты цæгъдæд, цалынмæ
Уырызмæг куыйты сыскъуына, уæдмæ, стæй йæм уый дæр баиу
уыдзæн.
Цæй фæдис æмæ цæй цыдæр... Фыййæуттæ куыйты рæйынмæ
куы рафæдис кодтой — иу-дыууадæс лæппу-лæгæй, уæд сæ уæл-
хъус февзæрд Ардагъу æмæ сæ æфсæйнаг лæдзæгæй, дзæргъы
хъыбылтау, фæцагъта. Йæ кард сласынмæ дæр сæ ничи фæца-
рæхст, стæй цыбыр цирхъæн цы йæ бон уыд даргъ къобали лæ-
дзæджы ныхмæ, уымæй дæр Ардагъу-уæйыджы армы...
13
Фыййæуттæ цагъды куы фесты, уæд ма рæгъау цы тæрын хъуыд.
Тагъд ницæуылуал кодтам. Чысыл банхъæлмæ кастыстæм Уырыз-
мæгмæ — уый куыйты фæцагъта æмæ йæ фæттæ æфтауыныл фæци,
хин лæг уыд рагæй дæр — цæмæн æй хъуамæ базоной йæ фатмæ
гæсгæ!.. Куы ’рбацыд, хабар куы базыдта, уæд ма йæхи Ардагъу-
мæ хылгæнæг дæр скодта: «Мард дыл æрцæуæд, кæд сын цы ми
бакодтай, иу ма дзы уæддæр фæуагътаис, фидиуæгæн — фосы
хицæуттæм... А, ныр сæм мæхæдæг фæцæуон хъæргæнæг. — «Цы
фестут, Нарты Уырызмæг уын йæ хъузæттимæ уæ рæгъау фæтæ-
ры!..» æмæ ма уый дæр фод, фæлæ сæ кæм агурон?..»
Нæ фæцыдысты мæ зæрдæмæ йæ ныхæстæ: «Уырызмæг уын
уæ фос фæтæры!..» Цыма мах хъуыддаджы ницы уыдыстæм,
Уырызмæг æй бакодта... Фæлæ цы гæнæн уыд, ницы сдзырдтон.
Ардагъу та хъуыды дæр ницы ’ркодта, зæххыл афæлдæхт æмæ йæ
чъылдымы нуæрттыл ратул-батул кодта, худæгæй мард: «Уæ, дæ
бон ныччифай, Уырызмæг, кæд мын дзы куыд уадзын кодтай
фæдисон! Мыййаг дын тæрхъусы лæппынтæ кæд нæ уыдысты æмæ
сæ мыггаг рауадзынмæ нæ хъавыс! Нæ, мæ лымæн, уыдон дæр
æлыгæй лæгтæ, мыййаг, не сты, мæнæ Алафарн кæмæй фæхъазы,
уыдонæй. Бакæс-ма сæм, куыд фидæрттæконд сæ у алчи дæр.
Мæнæ, зæгъгæ, исты æнхъæл уыдысты, уæд ардыгæй æвыдæй
цæугæ нæ уыди махæн дæр. Куы дæ æркарстаиккой цирхъытæй,
уæд дæуæй дæр цыма æхсыр нæ рамызтаид, саубоцъо, а?!.»
Фæратул-батул кодта Ардагъу, стæй фестад æмæ фосыл ра-
хъæр кодта. Изæрмилтæ уыд, рæгъау — фынæй æмæ сæ сыстын
нæ фæндыд, фæлæ сыл Ардагъу ралæууыд йæ лæдзæгæй, иу цал-
дæр стуры дзы мæлæтдзаг богъ фæкодтой æмæ уæд схъомпал сты.
Ратæлæт сæ кодтам, уæдæ цы... Сурæг дæр нæ ничи фæци æмæ
фæрсæг дæр. Æрбалæууыдыстæм нæ уæзæгыл. Æмæ уæд дыккаг
хатт фæхудт мæ зæрдæ Уырызмæгыл: рæгъау фондз дихы акодта —
иу хай, дам, Æхсæртæггатæм æмбæлы, хæстамонды хай, Алæга-
тæм, дам, кувæггаг чъири куыд æмбæлы, афтæ. Иннæ хай, дам,
мæн у, хистæйраг хай. Аннæ æртæйæ та, дам, алкæй дæр фæй-
нæ... Ницы йæм сдзырдтам: Ардагъу бахъуыр-хъуыр кодта — хæ-
сты дæр æмæ уæрсты дæр хинæй дарддæр ницæмæн дæ, саубоцъо,
æмæ абонæй фæстæмæ райгæ у дæ хæстамондæй, мæнæй дын æмбал
нал ис, кæд Уазайы фæдон дæ, уæддæр!..
Уæдæй фæстæмæ Ардагъу Уырызмæджы балцы никуыуал ба-
лæууыд. Æз та дзы мæхи бынтон раскъуыдтон, канд Уырызмæ-
гæй цæ, йæ балцамондæй дæр. Мæ цæсты раз лæууыдысты цал-
дæр мæйы дæргъы мард фыййæуттæ: кæмæн йæ сæр бынтон ным-
мур, тугæмхæццæ магъзы пырхæнтæ хуртуанау лæууыдысты мард
14
уæхсчыты фарсмæ... Кæмæн æфсæйнаг мæцъисы уæззау цæфæй
йæ туг йæ хъæлæсæй фемæхст æмæ скултæ йæ хæлиу ком æмæ
хауд æвзаджы раз...
Уæдæй фæстæмæ æз мæ къухтæ никуыуал сахуырстон адæй-
маджы туджы. Æлыг, — уый чъизи нæу, дунейыл иууыл сыгъдæг-
дæр æмæ уаздæр цы ис, уый у. Æхсæртæггаты мæнгзонд саби
æмæ гуымирыйæ дарддæр никæй бауырнид, фæлæ тыхы дуг у
æмæ цы чындæуа?.. Тыхы раз тыхæй архайгæ у æмæ уæд бар-
æнæбары æдых лæджы бауырны уыцы æдылы зонд, уæдæ цы кæна,
тыхæй йæ сæр куыд бахиза ацы æвæтк, нæ! — фыдвæтк дунейы?..
Нынкъард ис бынтон Алафарн. Куысты куы бацæуы, уæд дзы
æрбайрох вæййы «фыдвæтк дуне» æмæ йæ хъуыддаджы сæр фæ-
лæууы æнцой æмæ райгондæй. Кæд æм исчи бауайы, уæд æм йæхи
равдисы хъæлдзæг, хæларзæрдæ адæймагæй. Йæ армæй конд ми-
гæнæнтæй хæлæг никæмæн кæны, баивы сæ хуымæтæджы хæри-
нагыл, фысы дымæгыл, фæсмыны тыныл. Æндæр ницы хъæуы
Алафарны. «Лæг йæхи дуры цъуппыл дæр фæдардзæн!» — фæзæ-
гьы йæхицæн ныфсæн æмæ ууыл ахицæн вæййы йæ царды сагъæс.
Уый æддейæ бакæсæгмæ афтæ зыны, фæлæ æцæгæй æндæр у
йæ зæрдæ ацы хæлар æмæ хъæлдзæг адæймагæн. Никæмæн хъæр
кæны, йæ зæрдæйы цы ис, уыцы сагъæстæй иу дæр. Афтæ йæм
кæсы, цыма «æвæтк дунейы» уыцы сагъæс уæддæр ничи бамбар-
дзæн, æмæ уæд йæ рахъæр кæнын дæр ницы ахъаз у дунейæн дæр
æмæ йæхи удæн дæр. Уый нæй, зæгъгæ, уæд бирæ цыдæртæ ис
радзуринаг Алафарны зæрдæйы. Æвæццæгæн Уырызмæджы хин
ми нæ уыди йæ сагъæсы райдиан. Ардагъу фыййæутты кæй ныцъ-
цъæл-ныммур кодта, уый дæр нæ уыд йæ зæрдæйы иунæг æнусон
хъæдгом. Уыдон æфсонау фесты йæ сагъæсæн. Æрмæст æфсон.
Æндæра дзы уыдон, чи зоны, ферох уыдаиккой. Фæлæ дуне фыд-
вæтк кæй у, уый бирæ æууæлтæй базыдта, раивæн ын кæй нæй,
уый дæр æй раджы бауырныдта, æмæ ахæм зондмæ куы ’рцыд,
уæд та йæхи царды фæтк дæр уымæ гæсгæ нывæндын райдыдта.
Фыццаг уый, æмæ нал цыд нарты фæсивæды хъæзтытæм. Хъæ-
бысæй хæст, дурæппарын, фатæй милмæ æхсын, симын — æппæт
дæр ныууагъта, кæд æппæтмæ дæр хæрзарæхст уыд, уæддæр.
Дыккаг уый, æмæ йæ рæстæг — райсомæй изæрмæ — æрвыста ныр
йæ хъуыраугæнæн агъуысты. Иунæг æфсымæр ын уыди, — уымæй
дæр рахицæн æмæ цард йæ хъæдкъул хæдзары. Лæсгæр дзы са-
рæзта уискъулæй æмæ иу уаты йæхæдæг цард, иннæйы та — йæ
хъуырæуттæ. Цы йын уыди — хуымзæхх, фос, хæдзары дзаумæт-
тæ — иууылдæр сæ ныууагъта йе ’фсымæрæн. Рахаста йæ фыды
хæдзарæй æрмæст кард, фæрæт, уæйлаг нымæт æмæ зæронд би-
15
наг нымæт. Уыйадыл цæрын райдыдта хъæугæрон. Дурæй сис
самадта йæ хæдзары алыварс æмæ сисæй хæдзары ’хсæн та алы
уалдзæг сагъта бæлæстæ. Уыйадыл йæ хæдзар хъæугæрон уыди-
чысыл хъæды къохы хуызæн. Уымæй дæр алы мыггаг бæлæстæ
тæлытæ-тæлытæй зылдысты хæдзары алывæрсты: цъуйты тæлм —
сисгæрон, уый фæстæ — кæрдотæ, стæй — цъупсæр нæзытæ, рæхс-
нæг сывылдзтæ, æмæ хæдзары дæлбазыртæм æввахс та — балтæ.
Мæнæ ныр дæр дидинæг рафтыдтой æмæ Алафарны хæдзар, цыма
урс бæмбæджы цыкурайы фæрдыг æвæрд ис, уыйау зыны дардмæ.
Уалдзæг уа, сæрд — Алафарн изæрыгæтты фæбады хæдзары
раз бæлæсты бын иу тъæпæн дурыл æмæ фæхъусы къалиуты сы-
бар-сыбурмæ, цъиуты зарынмæ кæнæ уыдон цъæхснаг хъæлæсы
рафæлив-бафæливмæ загъды рæстæджы. Нæртон лæгæн уый, чи
зоны, не ’мбæлы, — Уырызмæг дзы уый куы зонид, уæд ыл худæ-
гæй йæхи схæссид! — фæлæ Алафарны зæрдæйæн уымæй æхцон-
дæр ницы ис. Фехъусы йæхицæн, зæрдæйыл цыдæр фæлмæн равг
бафты æмæ йæм уæд нал фехъуысы «æвæтк дунейы» уынæр. Цыма
æгас дунейыл цин æмæ хæлары уаг сойау батад, афтæ свæййы йæ
зæрдæ. Батайы йæ уды рагон хъыг, айрох дзы вæййы йæ тæргай,
«фыдвæтк дунейыл» йæ къух кæй систа, уый æмæ йæ хъуыды
цыдæр æнахуыр хæлар æмæ амондджын адæмы ’хсæн фæзилахар
кæны, фынфенæгау. Фæлæ фын сайаг у. Райсом та хур куы скæ-
сы, адæмы хъæрахстæй та куы байдзаг вæййы дуне, уæд та ногæй
æртæфсы Алафарныл дæр «фыдвæтк дунейы» сагъæс. Æмæ та
уæд йæхи æлыгимæ абухыныл скæны, цæмæй дзы иучысыл уæд-
дæр уа ирвæзт...
Рагæй дзырдтой Алафарнæн хистæрæй-æмгарæй ус æрхæссы-
ны тыххæй, фæлæ йæм никæй дзырд бахъардта. Бирæ йæ фæ-
къахтой адæм, ус цæуылнæ курыс, зæгъгæ, фæлæ дзы ничи ницы
фехъуыста хъазæн ныхасæй дарддæр. Æцæгæй та хъуыды кодта
йæ иунæг æхсæвты: ус æрхæсс, уæд лæгæн сабитæ рацæудзæн
æмæ сын цы царды фæндаг сараздзæн? Тыхмитыл сæ сахуыр кæн-
дзæн æви уыдон дæр, йæхиау, хъуыраугæнджытæ уыдзысты?..
Мыййаг сæм балцы цæуын, тыхмитæ кæнын, искæй марын æмæ
стъигъын хуыздæр куы кæса? Нарты гуыппырсартæ стыр номыл
цы хъуыддæгтæ нымайынц, уыдон сæм куы кæсой кад æмæ рады
хабар, уæд сын цы зæгъдзæн, цы зондыл сæ бафтаудзæн?.. На-
уæд йæ зондмæ байхъусдзысты? Кæцæй?
Нæ, фыдвæтк дунейы фыдгæнджыты фылдæр кæн, уый ницы
фæрныг хъуыддаг у. Æнæ уый дæр бирæ сты... Уадз æмæ мæ
номыл ма баззайа а дунейыл иу фыдгæнæг дæр. Тыхы дунейыл æз
тыхæфтауæг нæ дæн! Цалынмæ цæрон, уæдмæ — иунæгæй, стæй
16
ныммæлдзынæн æмæ æз адæмы фыдвæткæй фервæздзынæн, уыдон
та — мæнæй. Уадз æмæ худæджы халæн мæныл хъуыраугæнæджы
ном баззайæд, фæлæ мæ фæстæ уыцы номæй макæй мæстæй ма-
рæнт. Кæд уый худинаг у, уæд æрмæст мæ иунæг уды худинаг фод.
Бирæ фæцард афтæмæй Алафарн, фæлæ фæстагмæ тыхсын
райдыдта: æдзух искæмæ æнхъæлмæ кæс, — кæд дын дæ дзаума
сæхсид, кæрдзыны къæбæр дын ракæнид... Æрхаста ус, уæдæ цы
кодтаид, зæнæг дæр ын рацыд, фæлæ уæддæр уыдон дардта йæ
фыды хæдзары, йе ’фсымæры бинонты цур, йæхæдæг та раздæ-
рау цард иунæг æмæ хибарæй. Кæд зæрдæхæлар уыд алкæимæ
дæр, уæддæр ын нæ уыд иу ахæм æмгар дæр, йæ зæрдæбыны
ныхас кæмæн загътаид. Стæм хатт-иу æм æрбауад Ардагъу, фæлæ
уый дæр, Уырызмæджы хин сын иумæйаг кæй уыди, уый ссадвæ-
дыл. Æндæр сын ницы уыди мысинагæй сæ лæппуйы бонтæй.
Ардагъу фылдæр балцы æрвыста йæ рæстæг, Алафарн — хъуырæут-
ты уæлхъус æмæ кæм схæлар уыдаиккой?.. Фæлæ фарон иуахæ-
мы æрæздæхт йæ нæртон балцæй куырмæй — чидæр ын фатæй йæ
дыууæ цæсты дæр скъахта. Чи уыд йæ сафæг, уый дæр нæ базыд-
та, афтæмæй баззад, хуымæтæджы къодахау, йæ фыды уæларт,
йæ тæккæ тыхыл ма у, афтæмæй. Уæдæй фæстæмæ, æцæг, арæх
цæуын райдыдта Алафарны къæсмæ. Хъаст-иу кодта йæ царды
æнæрайæ, йе ’намондæй, фæлæ йæ цæмæй барæвдыдтаид Ала-
фарн? Кæддæр ын дзураг уыд — ныууадз дæ балцы хабар, кæрон
ын скæн, ницы дзы фæфос кæндзынæ, раджы уа-æрæджы, уæд-
дæр тыхæн стырдæр тыхыл æнæсæмбæлгæ нæй. Фæлæ ницы хъард-
та нæртон уæйыгмæ, — худтис-иу йæ рагон æмбалыл, хъазынмæ-
иу аздæхта ныхас, ома æз куы ныууадзон мæ тых хæссын, уæд
уымæй цы аивдзæн, нæ фæсивæды хуыздæртæ иууылдæр афтæ
кæнынц æмæ сæм мæ хабар худæгау фæкæсдзæн, æндæр ницы.
Стæй мæнæй æдыхдæртæ куы цæуынц балцы, уæд æз цы ракод-
тон? Науæд дæуау хæдзары бадын цы лæджы аккаг ми у?
Ныр ма йын уыцы ныхæстæ йæ цæстмæ дардтаид, уый йæ
зæрдæ нæ тардта, цыма райгæ фæкодта æнамонд бæгъатыры куыр-
мыл, афтæ рауадаид, æмæ йын Алафарн та тæригъæд кодта,
ацы тыхджын, æппæтыл æууæндаг æмæ æнæхин, цы стыр фыд-
былызтæ арæзта, уыдон æмбаргæ дæр чи нæ кодта, уыцы куыр-
мæн. Æрмæст ын знон изæр радзырдта йæ сусæг маст дæр: Ар-
дагъу зæрдæаивæй йæ куырмы хъуыддаг æнхъæл уыди Уырыз-
мæгæй!..
Алафарны зæрдæ барызти уыцы ныхасмæ: ау, ахæм цъаммар
ми æрхастаид йæ сæрмæ Уырызмæг, æмæ уæд цæй охыл? Йæ
тыхмæ йын хæлæг кодтаид 9 æмæ Уырызмæг хинæй цы сарæзтаид,
2 Сырдоиы цæссыгтæ
17
уый фондз Ардагъуйы тыхæй нæ бакодтаиккой. Хæлæг? Æмæ дзы
цæмæ хæлæг кодта?.. Æви йæ кæд уый фæнды, æмæ балцамонды
кой куы ’рхауа, уæд æрмæст Уырызмæджы, Æхсæртæггаты сахъ
фæсивæды ном куыд цæуа адæмы дзыхæй? Уырызмæг, Ардагъу-
йау, хуымæтæджы бæлццон нæу, дардыл хъуыды кæны, æмæ йæм
ахæм зонд, гæнæн ис, æмæ æрцыдаид. Фæлæ ууыл куы баууæнда
ацы уæйыг, уæд фыдбылыз æнæмæнг æрцæудзæн, уымæй бахи-
зын хъæуы нæртон адæмы. Ардагъу уый йæхицæй дарддæр куыд
никæмæнуал зæгъа, ууыл сархайын хъæуы.
Бирæ фæфарста Алафарн куырм бæгъатыры: цæмæн дæм афтæ
кæсы, зæгъгæ? Ардагъу фыццаг зæрдæхсайæн ныхасæй дарддæр
ницы бавдыста Алафарнмæ æмæ йын уый æнцонæй бауырнын
кодта, йæ зæрдæхсайд мæнг хабар кæй у. Фæлæ уый нæ цыд
Ардагъуйы зæрдæмæ. Уый ноджы тынгдæр смæсты æмæ фестади,
къуырдтытæгæнгæ рацыд сæхимæ, хæрзæхсæв дæр нæ загъта йæ
фысымæн, афтæмæй.
— Фендзыстæм, кæд дын æй не сбæрæг кæнон, уæд ам лæппу
ма уæд! — æртхъирæны хуызы ма æрбаппæрста йæ фæстаг дзырд
Ардагъу æмæ талынджы аныгъуылд.
Фæтæргай Ардагьу æмæ, æвæццæгæн, рæхджы нал æрбацæу-
дзæн, — æрхуымæй хъуыды кæны Алафарн, — фæлæ йын цы кæ-
нон? Йæ зæрдæхсайд цыма æцæг у, афтæ зыны, фæлæ уæд но-
джы тынгдæр архайын хъæуы йæ багæды кæныныл: кæрæдзимæ
куы фæуой Нарт, уæд æцæг фæуыдзысты бынысæфт...
— Дæ райсом хорз, хъуырæутты хицау! — йæ мидбылты худгæ
бадзырдта Алафарнмæ Æхсæртæггаты лæппу. Рагæй йæ цуры
лæууыд, фæлæ йæ сагъæсгæнгæ кæм æрбаййæфта, уым æм нæ
уæндыд сдзурын, кæд мæ йæхæдæг фенид, зæгъгæ, æмæ мæм исты
сдзурид. Ницы дзырдта Алафарн, нæ йæ уыдта, лæппу та фæл-
мæцгæ скодта иу ран лæууынæй, йæ куыдз дæр ын йæ бырын-
къæй йæ гомкъахы хæцъæф батъæпп-батъæпп кодта, ома афон у,
исты бадзур фысыммæ, афтæ кæдмæ лæууын дæ зæрды ис! Æмæ
сдзырдта лæппу.
Арфæмæ йæ сæр систа Алафарн æмæ, йæ зæрдæйæн æхцон
адæймаджы куы федта, уæд бацин кодта:
— Æгас цæуай, хорз лæг, куыд раджы цыд фæдæ, дæ хорзæ-
хæй? — раджы нал уыд, фæлæ æвиппайды æндæр ницы йæ зæр-
дыл æрбалæууыд Алафарнæн.
— Цæй раджы ма у... Ныххатыр кæн, фæкæсинаг дæм уыд-
тæц, фæлæ мын нæ бантыст, хуыссæг мыл фæтых, — басасти лæп-
пу æмæ уымæй балхæдта хъуыраугæнæджы зæрдæ.
— Ницы кæны, лæппу уалдзыгон райсом фынæйæ фылдæр цы
18
кæны, — бахудти Алафарн. — Æрцу, æрбад мæ фарсмæ æмæ мын
кæд æххуыс дæ зæрды ис, уæд мæнæ ацы чъириаг æрнæм.
Æрбадти лæппу дæр Алафарны фарсмæ æмæ æлыгæй иу стыр
тула систа. Нæмынц æлыг дыууæйæ. Куыдз сæ разы бады йæ
фæстагыл æмæ сæм хæлиудзыхæй кæсы, йæ сырх æвзаг раласта
æмæ йæ алы улæфтæн тилы, цыма сæ мæстæй мары. Нæмынц
æлыг, Алафарн та ныттызмæг, йæ раздæры хъуыдымæ та аздæхт
æмæ йæ ферох лæппуимæ ныхас кæнын. Лæппу йæм стæм хатт
фæрсырдыгæй бакæсы, хъавы уымæн йæ сусæг сагъæсы сæр раха-
тын, фæлæ цы бамбарæн ис æгомыг сагъæсы аххосагæн... Æрæ-
джиау нал фæлæууыд лæппу æмæ йæм бадзырдта:
— Къæйныхмæ мын ма айс мæ фарст, фæлæ цыма дæ зæрдæ
цæуылдæр тыхсы, афтæ мæм кæсы, æмæ йын цымæ радзурæн
нæй? Чи зоны, лæппуйы æдылы сæрæй дæр исты нывыл хъуыды
рантыса, и? — гæзæмæ мидбылхудт ахъазыд лæппуйы дæргъдзæс-
гомыл.
— Нывыл хъуыды, зæгъыс? — æрæджиау фæрсæгау бакодта
Алафарн. — Кæцæй дзы хъуамæ рантыса, ныры дуджы ацæргæ
лæгты зонды дæр фыдвæндæй дарддæр куы ницыуал ис, уæд ма
лæппутæй цы радомдæуа, Сырдон? — ацы хатт æм йæ номæй ба-
дзырдта Алафарн æмæ Сырдон бамбæрста, лæджы зæрдæйы æцæг
цыдæр стыр маст кæй ис æмæ йæм уыйадыл кæй дзуры афтæ
æрхæндæг æмæ уæззау зæрдæйæ.
Лæппу уыди Сырдон, Нарты Сырдон, Уырызмæг, Хæмыц æмæ
Сатанайы æфсымæр. Æфсымæртæй ссæдз азы кæстæр, хойæ фондз
азы хистæр. Фæлæ фæстæдæр æмбисондæн чи баззад, уыцы Сыр-
дон нæма уыди. Нырма лæппу-лæг, адæмæй цыдæр иппæрд æмæ
сæрхызт, фæлæ æппæтмæ цымыдис, дзырдарæхст, зæрдæйæ хæ-
лар, фæлæ, йе ’мкартæй йæхи дард чи ласта, ахæм.
Рæстмæ ничи зыдта Сырдоны. Никæмæн дзырдта йæ зæрдæ-
быны ныхас, фылдæр хъусынмæ арæзт уыди. Дзургæ кæд исты
кодта, уæд æрмæст хъазæн ныхæстæ, æмæ адæммæ афтæ каст:
рæзы Уырызмæджы хæдзары æнæрхъуыды, æнæмæт лæппу. Ницы
дзы рацæудзæн — бæлццон лæгæн нæ бæззы, йæ тæккæ тыхыл у,
фæлæ йæ ничи федта фат æмæ æрдынæй хъазгæ, никуы рацыд
лæппуйау нæдæр тыхæвзарæн хъазтмæ, нæдæр нæртон симдмæ.
Бон-изæрмæ кæм вæййы, уый зонгæ дæр ничи кæны — иунæгæй
хæты нæртон бæстыл, хъæды тæрфыты, кæмтты æрфыты, быдыр-
ты, цæст кæдæм æххæссы, уымыты. Цы агуры, цы йæ зæрды ис, —
Хуыцау йæ зонæг. Фæлæ дзы хæстмондаг лæг кæй нæ рацыди,
уый бæрæг у. Æхсæртæггаты балцмондаг фæсивæдыл тыхджын
хæстон кæй нæ бафтыд, уый дæр æнæмæнг у æмæ ууыл иутæ цин
19
кодтой, иннæтæ — хъыг. Æхсызгон уыд ацы хабар Уырызмæджы
балцытæй хъыгзæрдæ адæмæн, стыр масты сæр уыди Уырызмæ-
гæн йæхицæн æмæ йæ зондыл хæст фæсивæдæн. Фæлæ ницæмæ
дардта Сырдон сæ иуты дæр æмæ иннæты дæр: уадз æмæ дзу-
рæнт, цы сæ фæнды, уый! Сырдон цард йæ зæрдæйы фæндиаг
æмæ æндæр ницы домдта йæ амондæй. Чизоны ма исты уыди йæ
зæрдæйы дзæкъулы, фæлæ йæ не ’вдыста æмæ йæм тырнгæ дæр
нæ кодта æргомæй. Адæм исты цæмæй рахатыдаиккой, ахæмæй
ницы уыд йæ цард, йæ миты.
Сырдон уæлдай хæлар уыди Алафарн æмæ Армимазимæ, хъуы-
раугæнæг æмæ куырдимæ. Фæлæ уыдон дæр хуыздæр нæ зыдтой
Сырдоны зæрдæ æмæ зонд. Æцæг, дæсны уыди Сырдон æлыгимæ
архайынмæ. Хаттæй-хатт Алафарнмæ афтæ дæр каст, цыма Сыр-
дон уымæй хуыздæр арæхсы æлыг æвзарынмæ дæр, стæй уый
нæмынмæ дæр æмæ дзы канд хæдзары дзаумæттæ аразынмæ нæ,
фæлæ ма хъазæнтæ аразынмæ дæр. Æлыгæй-иу уæлдай куы азза-
ди, уæд дзы Сырдон хъазтæмхасæн кодта куы сырдты нывтæ —
арс, рувас, саг æмæ йæ дæйгæ род, куы та адæмы нывтæ: зæронд
ус иннæмæн йæ сыхæгты фыдгой кæны, лæппу чызгмæ йæ цæст
ныкъулы, дыууæ нæртон лæджы кæрæдзимæ лæбурынц, сæ цæс-
гæмттæ ныззылынтæ сты, афтæмæй...
Фæхудын-иу кодта йæ нывтыл Алафарны, стæй та-иу сæ аууæрс-
та фæстæмæ: сыджыт сты æмæ та хъуамæ фæстæмæ сыджыт фес-
той!.. Алафарн хатыд, уый æрмæст хъазæн ныхас кæй нæу, фæлæ
йæ æххæст нæ уырныдта, ацы буцхаст, æнæмæт лæппу хъазæн
ныхасæй дарддæр истæуыл хъуыды кæна, уый æмæ искуы йемæ
бæстон ныхасыл æрлæууа, уымæ дæр йæ ныфс нæ хаста — мыййаг,
кæд йæ сæры ницы ис, уæд, уым исты агургæйæ, йæхи зæрдæйы
сагьæс куы фергом уа æмæ йæ лæппу куы ныцитт-цитт кæна. Фæлæ
йæ афтæ æбæрæгæй ныууагътаид, уый дæр æм хардзау касти: кæд,
мыййаг, лæппу, æз куыд æнхъæлын, уымæй лæмбынæгдæр ны-
майы хъуыддæгтæ æмæ мыл йæхимидæг худгæ кæны — йæ фарс-
мæ иу лæг æрвылбон батъузайы бадт кæны æмæ уый зæрдæ сса-
рынæн нæу, афтæмæй дунеимæ быцæу кæнын фæлвары!
Æниу цæй быцæу, — хъуыды кæны Алафарн, — цы мæ бон у
дунейæн, мæнæ иу æнæрхъуыды куырм лæджы зонд басæттынæн
куы нæ дæн? Фыдвæтк кæй у, уый йын зæгъон? Æмæ йæ мæнæй
къаддæр зоны, мыййаг, кæнæ йыл мæ зондæй йæ къух сисдзæн?
Кæцæй! Фæлæ уыцы æнамонды уæддæр дзæгъæлы фæхъыг код-
тон...
Оп>1р диссаг у, цы ма йæм уа бæлвырддæр бавдисинаг, цæмæй
æртхъирæн кодтаид?..
20
Цæмæй зоны Сырдои, æз йе ’фсымæры сæрыл хæцæг кæй ра-
зындтæн æнæнхъæлæджы. Ныр ын зæгъ хъуыддаг, уæд цымæ цы
кæнид? Алæ-ма, дæ хорзæхæй, афæлварон æй, цы зонд æм и: йе
’фсымæры сæрыл тыфылтæ калынмæ фæуыдзæн æви рæстдзинад
агурыныл схæцдзæн?.. Цæй, цы йын у уымæй? Ома хъуыддаг
рахъæр кæна? Уæд цæмæн? Йæ мыггаджы пайдайæн нæу, æмæ
кæд йæ сæры зонд ис, уæд ууыл нæ иыллæудзæн. Æнæуый та
лæджы зонд базонынæн мин-мин ныхасæй иу хъуыддаг.равзарын
бирæ ахъаздæр у. Уым йæ зонд ирддæрæй фæбæрæг уыдзæн. Цæй,
бафæлварон æй...
— Хорз кæстæр дæ, Сырдон, лæппутæй цæй зонд радомæн ис
кæй загътон, уый дæм хъыг ма фæкæсæд. Раст дзырдтой фыдæл-
тæ, Хуыцау, дам, зонд хистæр æмæ кæстæры сæрыл нæ байуæрс-
та. Фæлæ кæстæр схъиуд вæййы æмæ йæ уыйадыл тонынц æды-
лыйæ, — дæрдтыл райдыдта Алафарн. Сырдон фæхатыд ныхасы
уагæй, цыдæр æмбæхст хабарыл кæй у уыцы кой æмæ уый дæр
йæхи ауагъта, ома мæнæй ницы ракъахдзынæ, фæлæ дæ дзырд
фергомдæр кæн.
— Æз ма цæй кæстæр дæн, Алафарн, мæ цахъхъæнтæ балцы
фæндагыл адæмы разæй фæцæуынц... Фæлæ, дæ загъдау, мæнæй
цы радомдæуа: балцы никуы уыдтæн, лæг никуы амардтон, искæй
рæгъау никуы ратардтон, уæдæ лæппуты рæгъы цæуынхъом дæр.
нæ дæн — нæ хъазты, нæ тыхæвзарæны. Кæм ис лæг?
— Дæхи цыма æгæр тынг амæгуыр кодтай, Æхсæртæджы хъæ-
бул? Бынтон ницыуал дæ, и? Зæгъæм, дæ мыггаг искæмæй туг
куы дарид, уæд дæ тугмæ амарын дæр йæ сæрмæ ничи ’рхæссид,
и? — фергомдæр Алафарн, фæлæ Сырдон уæддæр нæма зыдта,
кæдæм у ныхасы арæзт, æрмæст уæззау хъуыддаджы кой кæй
хъавы хистæр, уый фембæрста æмæ фæсагъæсыл.
Мыггаг тыхгæнæг кæй у, уый Сырдон хорз зыдта, фæлæ мыг-
гаджы тыххæй уый дæр азымы кæй дардзысты адæм, уый фыццаг
хатт æрлæууыд йæ зæрдыл. Раст зæгъы ацы хъуыраугæнæг: мæ
мыггаг исты бакодта, уæд æз дæр фыдгæнæг дæн, мæнмæ та мæхи
рæстдзинады хъуыды уыд æрмæст. Уый уал дын лæппуйы фыц-
цагæдылыдзинад... О, фæлæ цы ’рцыдаид уæддæр? Уырызмæги-
тæ ам дæр кæд искæй бафхæрдтой — тых зондæй куы фæхицæн
уа, уæд ма цæй хион æмæ цæй æддагон фæфæрсы!.. Кæд æй ацы
зондджын хæрæг мæнæн нæ хъæр кæны, æмбарæн ныхæстæ та
мæ зонд нæ фæлгъауы?..
— Хуыцау бахизæд туг дарынæй, — фергом кодта йæхæдæг
ныхас Сырдон, — мæ мыггаг йæ кард хъилæй дары, уый раст у,
фæлæ нæртои зæххыл аудаг уыди, æмæ кæд ныр исты фыдбылы-
21
зы ныссагъдыстæм, уæд мын æй цы ’мбæхсыс? Зæгъ æй, кæмæн-
дæр йæ усы мард куыд нæ хъæр кодтой, уый ми цæмæн кæныс? —
бауайдзæф кодта Сырдон æмæ Алафарн фæджих: ай цæттæ лæ-
гыл куы фембæлдтæн, уæд ма куырмæмбæхстытæй цы хъазын?
— Фыдбылызы ныссагъдыстут, æз дæр куынæ зæгъын, фæлæ
дæ мыггаджы къухайст кæм зоныс, уым хъуамæ æппæтмæ дæр
цæттæ уай, мæ кæстæр...
— Æмæ мæ æдзæттæйæ кæд зыдтай, хъуыраугæнæг? — бахудт
Сырдон, æгæр домæг ныхас кæй загъта, ууыл æрфæсмон кодта. —
Æви æз Æхсæртæггатæй нæ дæн, йе, фæсдуар кæй амбæхстæуа,
ахæмæй мæм дæ зæрдæ æхсайы?
— Мæ зæрдæ дæм хорз лæгæй æхсайы æмæ дын хъуамæ æргом
зæгъон: цыма дæ хорз æфсымæртæ æвзæр хъуыддаг бакодтой, афтæ
амонынц æппæт æууæлтæ дæр... Нæ мæ фæнды, æмæ уый сыцæг
уа, фæлæ йæ ды хъуамæ зонай. Ды мæ зæрдæйæн æгæр адджын
фæдæ æмæ дæм Уырызмæджы æфсымæры цæстæй кæсон, уый
мæ бон нæу.
— Фод уый дæр, фæлæ мын хъуыддаджы сæр бæлвырддæр
куы зæгъис...
— Тагъд ма кæн. Хорзæй дзы ницы ис, æндæра дын æй нырмæ
дæр нæ басусæг кодтаин. Хъуыддаджы сæр та уый у, æмæ Ар-
дагъу-бæгъатыры зоныс, йæ цæстытæ йын кæй скъахтæуыди фа-
тæй, уый дæр зоныс... Ныр мын тæккæ знон раргом кодта: мæ
сафæг, дам, Уырызмæг уыди. Кæд йæхæдæг нæ, уæддæр уый зон-
дæй æрцыди арæзт хъуыддаг. Уынгæ, дам, нæ фæкодтон, чи мæ
æрбахста, уый, фæлæ, дам, мæ разы кæй бабадтæуыд, уый бæл-
вырд у — цыдтæн мæ фæндагыл, бынтон знаг æнхъæл кæм нæ
уыдтæн, ахæм ран, æмæ мыл æвиппайды сæмбæлд дыууæ фаты...
Куы ’рчъицыдтон, уæд, дам, мæм чи фæкаст, уыдон — Уырыз-
мæджы фæсивæд. Цæмæй, дам, æй зыдтой уым уыдзынæн, уый,
стæй мыл цы смæтгæнаг сты?
Æз ын фæдзырдтон, уыцы хабæрттæ хæрам хæссынæн кæй
ницы давынц. Знæгтæ дын иугæр бирæ ис, уæд дзы исчи дæ раз-
мæ бабадт, уым диссагæй ницы ис. Стæй дæ размæ кæм баддзæн,
уымæй дæр дæу кæм фарстаид, кæд ыл сæр ис, уæд хъуамæ тæк-
кæ ахæм ран бабадтаид, дæуæн дæ хъуыдыйы кæрон дæр кæм нæ
уыдаид. Уырызмæджы фæсивæд дæ кæй ссардтой, уый дæр ницы
диссаг у, уыдон хæтæг адæм сты æмæ кæм балæудзысты алы уысм
дæр„ уый бæрæг нæй. Дæ амонд уыди æмæ дыл уыдон фембæлдыс-
ты де знæгты бæсты. Уыдон дæ мæлæт куы агуырдтаиккой, уæд
ма дæ удæгасæй дæ хæдзармæ кæдæм хастой? Иу фат ма дæ хъуыди
æмæ дыл æй бахардз кодтаиккой.
22
Ницы йæ зонд æрцахста Ардагъуйæн мæ ныхмæ зæгъинагæй
æмæ смæсты. Уырызмæджы фарсхæцæг мæ рахуыдта æмæ тæр-
гайæ алыгъд. Гъе уый та дын хабар, хорз лæг, кæд мæ нал уадзыс,
уæд. Фыдбылызы ныссагъдыстæм æви нæ, уый та мын ныр ды
райхал... — фæци йæ ныхас Алафарн.
Сырдон нынкъард æмæ йæ сыджытæйдзаг къухтæ кæрæдзий-
ыл сбыдта, афтæмæй сыл йæ сæр æруагъта. Уайтагъд йæ зæрдыл
æрлæууыд, Ардагъуйы цæсты хъæдгæмттæн куыд хос кодта, уый.
Алафарн фæфæдис Сырдонмæ, иу хатт, дам, мын мæ къухы хæ-
рамæн цыдæр кæрдæджытæй куы схос кодтай, фæкæс, дæ хорзæ-
хæй, уыцы æнамондмæ... Сырдон сразы æмæ атындзыдта цæфмæ.
Федта йæ æмæ йын йæ хъæдгомыл цыдæр кæрдæджы ссад бай-
зæрста, бабаста йын йæ цæстытæ зæронд хæцъилæй æмæ рацыд:
йæ цæстæй нал ракæсдзæн, фæлæ йæ удæн тас нæу, зæгъгæ.
Сдзæбæх кодта Сырдон Ардагъуйы, фæлæ йæм диссаг фæкаст,
иу хатт дæр æм кæй ницы сдзырдта — нæдæр хорз, нæдæр æвзæр.
Куы фæдзæбæхдæр, уæд та йæм стæм хатт уайдзæфау ныхæстæ
æппæрста, схуыстæй. Кæртмæ цæуын куы райдыдта, уæд æм тыз-
мæг нал дзырдта, фæлæ дзы бузныджы ныхас дæр никуы схауд.
Уыйадыл æм Сырдон йæхæдæг дæр ницы дзырдта. Кæддæрид-
дæр хъазæгой Сырдон ныр лæууыд æмырæй.
Сырдон хатыд, Ардагъу йæм цыдæр хæрам кæй хæссы, йæ
зæрдæ йæм дзурын дæр кæй нæ тæры, фæлæ цæй фæдыл, уымæн
ницы йæ сæрæн зыдта æмæ æнхъæлмæ каст рынчынæн йæхимæ.
Сырдоны хæрз чысыл бæрæг хъуыдис цæф лæджы сусæг масты
сæр базонынæн — иу æмбарæн уайдзæф, кæнæ иу дæлгоммæ ны-
хас, — фæлæ Ардагъу ницы дзырдта.
Фыццаг Сырдонмæ афтæ каст, ома Ардагъу йæ тæккæ тыхс-
тыл у — ахæм æвзонгæй æмæ уæйыг лæгæй иу уысммæ даринаг
фест, бæлццонæн нæ, хуымæтæджы куыстæн, уæд та фосы фæ-
дыл цæуынæн дæр мауал бæзз, уый зын бауромæн у! — æмæ уымæн
ницы дзуры. Фæлæ бынтон куы сдзæбæх, фæстаг хатт ма йын
куы раивта йæ цæстыты баст, уæддæр æм кæй ницы сдзырдта,
уæд та иу фæлмæн ныхас, уымæй базыдта: æнæмæнг цыдæр хæ-
рам ис се ’хсæн, Ардагъуйæ Æхсæртæггаты ’хсæн!
Сырдон фæхатыд, рагæй йæм кæй æнхъæлмæ кæсы Алафарн,
æмæ йæм йæ цæсгом фæзылдта:
— Раст дын загъта Ардагъу, мæ фысым. Уымæн æцæг йæ бон
ницы у, зондæй дæ ныхасы мæнг нæ рахатдзæни, фæлæ уый бы-
наты æз куы уыдаин, уæд дæ бафарстаин: хорз, Уырызмæджы
фæсивæд хæтæнты цæуаг сты, фæлæ тæккæ мæ фæцæфы уæлвæд
цæмæн балæууыдысты мæ уæлхъус? Науæд мæ кæй æрхастой мæ
23
хæдзармæ, уый сын сæ азым куыд ивы? Æрхастой мæ, уымæн
æмæ сæ мæ мæлæты сæр ницæмæн хъуыди. Ардагъу искуы истæ-
мæй бахъыгдардта Уырызмæджы? Никуы! Уæдæ йæ маргæ цæй
тыххæй хъуамæ акодтаид? Уый сæр æй нæ хъуыди. Ардагъуйæн
йе знæгтæй куы бабадтаид исчи йæ разы, уæд ын йæ цæст мыййаг
нæ къахтаид, йæ уд ын сластаид, цы марын ма хъуыд куырм æмæ
уадзыг лæджы? Уый та ууыл дзуры, æмæ Ардагъуйыл фат йæ
фыдгултæ нæ ныццавтой, уыдон ын йæ цæстытæм дæр нæ хъавы-
даиккой.
Ардагъуйыл фат ныццавта ахæм лæг, йæ бакуырм кæй фæн-
дыди, йæ мæлæт нæ, фæлæ! Уый бæлвырд у. Æмæ уæдæ чи уыди
ахæм лæг. Дæрддаг? Нæ! Æрмæст хион, æрмæст нæртон лæг! Чи
ис нæртон адæмæй ахæм, Ардагъуйы бакуырм æхсызгон кæмæн
уа? Мæн куы фæрсид Хуыцау, уæд ын зæгъин — Уырызмæг! Ме
’фсымæры ды дзæбæх нæ зоныс, Алафарн. Уый дæуæй, чи зоны,
зондæй ницы ахæсса, фæлæ дын хинæй дæ фындз дæ цæстыты
’хсæнæй фелвасид, мæнæ йæ сæр бахъуыд, уæд...
Ардагъу — нæртон фæсивæды тыхджындæр. Цалынмæ Уырыз-
мæгимæ цыди йæ хæтæнты, уæдмæ йæ ницы хъыгдардта. Цы
фæнды басгуыхтаид, уæддæр — балцы сæр, йæ раздзог Уырыз-
мæг! — кадæй, номæй уый уыдысты, тæлæтæн дæр йæ хъаймагъ
хай уый уыди. Куы дзы ахицæн, йæ ном Уырызмæджы номæй
уæлдæр куы райдыдта, уæд уый нæ фæцыд йæ зæрдæмæ æмæ йæ
исты хуызы хъуамæ фæбырын кодтаид ихыл. Фæлæ куыд? Мар-
гæ? Æмæ йæ мæлæт фыдбылызы райдианæй дарддæр ницы уыда-
ид. Фæлтау ын йæ цæстытæ скъах æмæ хæдзары къодахау бада,
йæ раздæры хæтæнтæ мыса æмæ Уырызмæгмæ хæлæгæй мæла!..
Афтæмæй фервæзт Ардагъуйæ. Ныр йæхæдæг баззад иунæгæй ацы
бæстыл, Уазайы цъуппау. Уый дын йæ хин, — хуымæтæджы æды-
лы хин...
Нæ. Алафарн, мæн Уырызмæджы фыдми æцæг уырны. Адæ-
мы раз сбæлвырдæн мæ ныхæстæ фаг не сты, фæлæ маст хæссы-
нæн — къубалмæ. Раст уыди Ардагъу, уæгъды йæ фæсайдтай...
— Сабыр, дæ хорзæхæй, дæлæ йæхæдæг æрбацæуы систыл
хæцгæ... — Алафарн фæтыхст, уыцы уæйыг Уырызмæджы ’фсы-
мæры ам куы ’рбаййафа, йæ маст æй куы нал баурома æмæ йæм
исты куы сдзура, уæд хъуыддаг бынтон фехалдзæн. Сырдон ын
бамбæрста йæ хъуыды æмæ йын йæ хъусы бадзырдта: «Æз уæртæ
сисрæбын æрæмбæхсдзынæн æмæ уæм уырдыгæй хъусдзынæн...»
Ардагъу тызмæгæй æрбакодта кæрты дуар. «Раст цæуын, Ала-
фарн?» — æрбахъæр кодта æмæ йæ болат лæдзæджы æнцæйтты,
йæ галиу армы дзыхъы цыдæр фидар нылвæста, афтæмæй балæу-
24
уыд Алафарны раз. Уый йын æгас цу зæгъынмæ хъавыд, фæлæ
Ардагьу фæразæй:
— Гъеныр дæр ма дæ нæ бауырндзæн мæ рæстдзинад? Æркæс-
ма, ацы бæрæг дæр ницы у дæумæ гæсгæ?!. — хъæр кодта кæуын-
хъæлæсæй Ардагъу.
— Цавæр бæрæг ма у, уæйыгхор? — бакодта Алафарн, цæмæй
йын йæ зæрдæ истæмæй балхæдтаид æмæ йæ йæ мастæй фæип-
пæрд кодтаид, фæлæ уый Ардагъу ницæмæ æрдардта.
— Цавæр, цавæр! — тыфылтæ калдта Ардагъу. — Æхсæртæгга-
ты фаттæ никуы федтай? Сæ бырынчъытæ, сæ тигътæ æмæ сæ сæ
базыртæй нæ базонис?..
— Федтон, базонин æмæ цы? — фыццагау хъазынырдæм здахы
ныхас Алафарн, фæлæ йæ зæрдæ риуы къултыл йæхи хойы... —
Алæ-ма, цы бæрæг æм ис?..
— Мæныл фаттæ дардæй суагъдæуыди! — фæтъæлланг та код-
та Ардагъу. — Иу дзы сæмбæлд галиу цæсты кæрон æрфыджы
бын. Гагуы акъахта, йæ иу тигъæй цæсты къуырфы кæрон ахаста
йæ разæй æмæ атахт. Иннæ фат мыл бæстондæр уагъд счынди:
рог уыди, фæлæ гагуы скъахта æмæ фындзы рæбын, цæсты кæрон
ныссагъди... Срæдывтон æй, бамуртæ йæ кодтон мæ мæстæй æмæ
нæ цъæлтæ мæ армы дзыхъы баззадысты... Куы ’рцъицыдтон, уæд
сæ мæ дзыппы нывæрдтон. Мæнæ, гъе, æркæс сæм, мæныл не
’ууæндыс, дæхи цæстытыл уæддæр баууæнд!.. Адон æнæмæнг
Уырызмæджы фаты цъæлтæ сты, — Ардагъу йæ ризгæ армы дзыхъ-
хъы бадардта Алафарнмæ фаты цъæлтæ æмæ æдзæмæй лæууыд,
цалынмæ йын сæ айста, уæдмæ. Стæй йæ мидбынат æрбадти зæх-
хыл, йæ къæхтæ йæ быны æрбакодта, йæ сæр йæ армы тъæпæн-
тыл æруагъта æмæ ныдздзынæзта:
— Уæуу, ме ’намонд сæр, ме ’намонд сæр!.. Æз та ма адæмыл
æууæндыдтæн!..
Сырдоны зæрдæ айдзаг йæ тæригъæдæй. Нæ уарзта ацы лæ-
джы, йæ тыхыл ма куы уыд, тыхгæнæг куы зылд дард рæтты, уæд
дæр, фæлæ ныр йæ зæрдæ суынгæг æмæ йæ бирæ нал хъуыд ныб-
богъ кæнынмæ. Хуыздæр уавæры нæ уыд Алафарн дæр, фæлæ
уый нæ равдыста йæ зæрдæйы уаг, æрмæст йе ’рфгуытæ, хуссай-
раг кæлмытау, кæрæдзийыл сæхи ныццавтой æмæ скъуыбылой сты,
мæлæтдзаг тохы бацæуæгау.
Куыдта æнамонд бæгъатыр, касти фаты цъæлтæм Алафарн,
уыдта йын сæ йæ армытъæпæнтыл Сырдон дæр — æвдисæгау æм
сæ дардта Алафарн. Дзургæ ницы кодта сæ иу дæр. Сырдонæн
йæхи равдисæн нæ уыди æмæ æгомыгæй бадт, йæ куыдзы дæр йæ
сагæхты батыхта, цæмæй ма срæйдтаид. Бирæ фæсагъæс кодта
25
Алафарн, — цы зæгъа Ардагъуйæн, цæмæй йын фæсабыр кæна йæ
зæрдæйы рис?.. Зыдта йæ, бæгъатырæн йæ цæсты рухсы айст
уыйбæрц хъыг нæу, йæ сафæг ын æрвад кæй баххæссы, уый йæ
цас мары. Куы йæ бауырнид, Уырызмæг нæу, зæгъгæ, йæ фыд-
гул, уæд æнцондæрæй хъæцид йе ’намондыл æмæ Нартмæ та ног
фыдбылыз не ’рцæуид. Фæлæ куыд бакæна уыцы хабар?..
Æрæджиау йæ цæсгом фæрухс и Алафарнæн æмæ бадзырдта
Ардагъумæ:
— Дæ фыдыстæн, дæ бæлццон фаттæй дæм хæдзары никуы ис?
— Æмæ ма дæ уый та цæмæн бахъуыд? Æви балцы цæуынвæнд
скодтай дæ хъуырæуттимæ? — мæстæй марæгау бакодта Ардагъу,
цæссыгтæй йæ зæрдæ фæрогдæр æмæ басабыр.
— Нæ, ме ’фсымæр, балцмондаг мæ лæппуйæ дæр никуы уыд-
тæн æмæ ма ныр цафон у, фæлæ мæ тынг зæрдиагæй хъæуы дæ
фаттæй иуы сæр. Ма фæзивæг кæн, кæд дын зын у, уæддæр. Дæлæ
сыхæгты лæппумæ фæдзурдзынæн æмæ дæ уый уайтагъд бахæц-
цæ кæндзæн уæхимæ, стæй ардæм, æрмæст мын дæхи къухæй
æрбахæсс дæ хæстон фаттæй иу.
Арвыста Алафарн йæ уазæджы сыхæгты лæппуимæ, йæхæдæг
фæзылд фæстæмæ æмæ Сырдоны фаты цъæлтимæ архайгæ æр-
баййæфта.
— Цæмæ ма арвыстай куырм лæджы уыцы дардмæ, цы йын дæ
зæрды ис равдисын? — бафарста Сырдон Алафарны æмæ фаты
цъæлтæ бандоныл æрæвæрдта фæстæмæ.
— Æмæ йæ нæ уыныс, æви дын ницы амонынц ацы цъæлтæ? —
фарстæй йын радта дзуапп Алафарн.
— Дзурынц, искуы ма нæ дзурынц, æрмæст ды цы хъуыды
кæныс, уый нæ...
— Æмæ дын æз мæ хъуыды куы нæ ма загътон, уæд æй цæмæй
базыдтай? Æви, хуыцæуттау, алцы развæлгъау зоныс?
— Развæлгъау зонинагæй ам ницы ис, — мæстджын худт бакод-
та Сырдон. — Хуымæтæджы хин, йæ рахатын саби дæр базон-
дзæн, йæхи куынæ сайа, уæд...
— Ома цы? Æви мæн нымайыс сабийæ æдылыдæрыл? — фæ-
тызмæг Алафарн.
— Æз дæ бæргæ нæ нымайын, фæлæ мын ды æнхъæл дæ кæнæ
саби, кæнæ, Ардагъу-уæйыгау, æппæтыл æууæндаг. Уынын æй,
тынг дæ фæнды ме ’фсымæры сраст кæнын... — Алафарн æм йæ
цæстытæ мæсты ирд фæкодта æмæ Сырдон йæ ныхас бараст код-
та. — Хатыр бакæн, зонын æй, ме ’фсымæр дæ не ’ндавы, нæртон
зæххыл фыдбылыз куы не ’рцæуид, уый дæ фæнды. Фæлæ рæст-
дзинад æмбæхсынæй фæрныг хъуыддаг цыма нæ сырæздзæн, афтæ
26
мæм кæсы... Æниу бар дæхи, чи зоны, ды раст дæ. Фæлæ фат,
мæнæ дæ разы чи ис, уый мах хæдзары къуымæй рацæугæ у. Æз
æй хорз зонын. Ныр базыдтон, йæ фæдыл ма цы хин баст ис, уый
дæр. Зонд-зонæн мын уыдзæни: ме ’фсымæр, æз æй цы ’нхъæл
уыдтæн, уымæй дæр хиндæр разынд æмæ йын ныр йæ фæдтæм
бæстондæр кæсын бахъæудзæн. Диссаг мæм уый кæсы, æмæ зонд-
джын Уырызмæг йæ фат куыд ныууагъта искæй дзыппы? Нæ,
уый йæхæдæг нæ уыдаид уыцы ран, æндæра ахæм рæдыд ууыл не
’рцыдаид... Алафарн, Хуыцауы хатыр бакæн, æмæ мæ иу цыбыр
æмгъуыдмæ нæ хæдзармæ ауадз. Куы ’рбаздæхон, уæд дын но-
джы иу хабар бафтаудзынæн дæ зын уавæрмæ. Рæстдзинад æз
æмæ ды уæддæр хъуамæ зонæм. Искуы йæ раргом кæныны сæр
куы бахъæуа, уæд та йæ æцæгæй хъуамæ сбæлвырд кæнæм — адæм
дæр ныл куыд баууæндой æмæ фыдмийы сæр чи у, уый дæр дзу-
рынхъом куыд не суа нæ ныхмæ, рæстдзинады ныхмæ.
Алафарн ницы сдзырдта Сырдоны ныхасмæ, фæлæ йæм сæ-
рæй ацамыдта, цу, зæгъгæ. Йæхæдæг ноджы æрхæндæгдæрæй
касти Ардагъуйы æрбаздæхтмæ.
Ардагъу æрбахаста йæ фатдон йедзагæй æмæ йæ бадардта хъуы-
раугæнæгмæ:
— А, дæу фод, мæн уæддæр никуыуал бахъæудзæн, фæлæ дзы
цы кæныс, уымæн ницы мæ сæрæн зонын...
Алафарн систа цалдæр фаты æмæ сæм лыстæггай фæкасти,
барста сæ цъæл фатимæ. Бæрæг уыд иу фæкастæй дæр: цъæл фат
нæу хæстон лæджы фат.
— Ардагъу, раст ма мын зæгъ, Уырызмæджы кæнæ йæ фæси-
вæды фаттæ дæ уонтæй къаддæртæ уыдысты? — фæрсы Алафарн.
Ардагъу фæхъуыдыйыл æмæ ныттар йæ цæсгом, æмбарын бай-
дыдта, цæмæн æй фæрсы йæ хæлар, уый. Æмæ йын иуæй æхсыз-
гон уыди уыцы хъуыды — хорз у уæддæр, лæг йæ фыдгулы бынат
йæ тугхæстæджы куы нæ уына, уый! — иннæмæй та йын хъыг
уыди, уыцы хуымæтæджы хабар йæхæдæг куыннæ рахатыд раз-
дæр, йæхи ма цæуыл хордта?
— Цæмæн уыдысты къаддæртæ, уыдон дæр сабитæ куы нæ
сты, тæрхъустыл цуан кæнынмæ куы нæ фæцæуынц мыййаг!
— Гъе, æмæ дæуæн уый загъдæуа. Айс мæнæ дæ фат дæр æмæ
дæ фыдгулы фаты цъæлтæ дæр. Æрысгар сын сæ бырынчъытæ,
сæ хъæдтæ. Дæу æрбахстæуыд хуымæтæджы хъазæн фатæй, ахæм
фат æцæг бæлццон йæ фатдоны никуы нывæрдзæн. Æниу хорз
уыд æмæ дыл ахæм фат сæмбæлд, æндæра абон æз æмæ ды ам нæ
ныхас кæниккам.
Фæрасгар-басгар кодта йæ уырзтæй фаты бырынчъытæ Ар-
27
дагъу æмæ йæ бауырныдта, уæдæ цы, Алафарны дзырды рæстдзи-
над. Сразы йæхимидæг уыцы хъуыдыйыл: йæ марæг Уырызмæ-
джы фæсивæдæй нæ уыд!.. Фæлæ чи уыдаид? Ацы фарстæн Ала-
фарнмæ дæр дзуапп нæ уыд, фæлæ уый ницы диссаг уыд, æфсон
ын æнцон ссарæн уыди — знæгтæ бирæ æмæ йæм чи фæцарæхст,
цы бæрæг и?.. Алафарны зæрдæ фæсабырдæр, нæртон бæстæй
хæрамы ратæдзæн дардмæ кæй фæхаста, уымæй. Кæд ма куырм
бæгъатыр исты ног зæрдæхсайæн кæна, уæд та уымæн дæр кæд
разынид уырнинаг ныхас.
Сырдон раджы æрбаздæхт сæхицæй, фæлæ бæлæсты бын æн-
хъæлмæ каст Ардагъуйы ацыдмæ. Уый куы адард, уæд Сырдон
бараст Алафарнмæ æмæ йын афтæ зæгъы:
— Æрæвæр-ма фаты цъæлтæ мæнæ бадæн фæйнæгыл.
Алафарн фаты цъæлтæ кæрæдзийыл æндадзæгау бакодта æмæ
фæйнæгыл æрæвæрдта арæхстгай æнæхъæн фат. Сырдон йæ
уæлæфтауы дæлвæдджийæ систа æндæр фат æмæ йæ фыццаджы
фарсмæ æрæвæрдта, стæй бакаст Алафарны цæстытæм. Фаттæ
ивддзæгтæ кодтой, сæ иу цъæлтæ нæу, зæгъгæ, уæд сæ сæ хицау
дæр нæ равзæрстаид. Алафарнæн цы бамбарын хъуыди: Ардагъуйы
марæг нæртон адæмæй уыд! Бæлвырд у Сырдоны ныхасы рæст-
дзинад, фæлæ уæддæр кæй у фат, чи уыд цæсткъахæг?..
— Уый нæ галиу лæппуйы фат у, — бамбæрста Сырдон Ала-
фарны тыхст хъуыды. — Нырма зæххæй уæлæмæ къуыпп нæ дары,
фæлæ фыдбылызмæ арæзт у сæрысуанг. Тыхджын, къæйных,
гæрзтимæ арæхстджын. Хъуыддаг уый къухæй æрцыд арæзт, æнæ-
мæнгæй, фæлæ йын йæ къух Ардагъумæ чи фæкомкоммæ кодта,
уый та Уырызмæг уыдаид, науæд та мæ зондджын хо Сатана.
Афтæ, гъе, Алафарн. Дуне, ды куыд æнхъæл дæ, уымæй хиндæр
у, чъизидæр, хъæддагдæр! — фыццаг æнкъардæй дзырдта Сыр-
дон, фæлæ фæстагмæ смæсты æмæ нæртон адæмы æууæлтæ æгас
дунемæ дæр аппæрста. Хорз æм нæ фæкаст, йæ хистæры раз йæ
зæрдæбыны ныхæстæ афтæ мæстыйæ кæй ранымадта, уый, фæ-
къæмдзæстыг æмæ æвиппайды банцад, фæлæ Алафарн бамбæрста
æппæт дæр, дзурын ын ницыуал хъуыд. Æмæ йæ уæнгтæ æрыз-
гъæлдысты: æцæг чъизидæр куы у дуне æмæ йæ æз хуыздæр куы
’нхъæлдтон. Мæхи æппæтзонæгыл нымадтон, фæлæ ацы мадзура
æмæ сæрхызт лæппу мæнæй хуыздæр куы зоны адæмы хинтæ æмæ
кæлæнтæ. Цæй хистæр дæн æз, хистæр уый у — зондæй, æрхъуы-
дыйæ... Мæнæй йыл дыууæ хатты къаддæр цæуы азтæ, фæлæ йæ
хъуыды, æнусты дæргъы цыма адæмимæ цард æмæ сын сæ сусæг-
вæндтæ басгæрста хæрзæбонæй-фыдбылызæй, афтæ æвдисы йæхи.
Диссаг у, кæмæй сæ фæци? Иу аджы сæ куы сфыцай, уæддæр сæ
28
бас нæ баиу уыдзæн. Æмæ куыд цæрдзæн афтæмæй? Сæ фыдми
сын никуы бамбæхсдзæн, коммæгæс сын не суыдзæн æмæ дзы сæ
цæсты сындз фендзысты. Æмæ йын чи ныббара, ахæм адæм та
/Ехсæртæггатæ не сты. Тæригъæд у лæппу, хъизæмары хай йæ
фæкæндзысты.
— Сырдон, дæ ныхас фод, рæстдзинад ды бæлвырддæр раха-
тыдтæ, фæлæ мæ уæддæр нæ уырны, æнахъом лæппу афтæ арæхст-
джын у фатæй æмæ æвиппайды лæгæн йæ дыууæ цæсты акъаха
уæлбæхмæ.
— Диссагæй дзы ницы ис... Уый хуымæтæджы лæппу нæу,
Нартæн фыдбылызæн райгуырд. Мæ хойы лæппу у, гуыймаг фый-
йауæй... Æхсæртæггаты хабæрггæ æз дæуæй хуыздæрзонын. Æниу,
чи зоны Алæгаты хъуыддæгтæ дæр, и? — бахудызмæл сты Сырдо-
ны былтæ. — Æз уæдæ цы ми кæнын бон-изæрмæ, мæхи куы ба-
зыдтон, уæдæй абонмæ? Хъазты æз никуы вæййын, хъазджыты
цур цы фæлæууын, æндæр. Балцы æз никуы уыдтæн, иу цалдæр
хатты ахаудтæн семæ æмæ уымæй дæр бæхты рохтыл хæцæгæй.
Фат æмæ æрдын никуы райстон мæ къухмæ, цъирхъы фистоныл
никуы ныххæцыдтæн лæгау... Цæй лæг дæн æз, — хин худт ра-
уай-бауай кæны Сырдоны тæнæг былтыл. — Афтæ, ницæйаг, джи-
дзæггаг. Хъæууынгты ралли-балли кæнын æмæ дзагъырдзæстæй
кæсын адæммæ: куыд цæрынц, цы ми кæнынц, цы фæндиæгтæ
сæм ис, стæй сæ куыд фæрныгæй баййафынц сæ царды. Уæдæ...
— Ды дзагъырдзæст æмæ æппæтуынæг кæй дæ, уый мæ бауыр-
ныдта, Сырдон, фæлæ Сосланы чысыл ахæм хъуыддаг бакæнын
сарæхстаид, уый мæ нæ уырны уæддæр, — къахæгау дзуры Ала-
фарн, уый ныр дæр æцæг нæ уырныдта уыцы хабар, кæд.Сырдо-
ны ныхасмæ фау æрхæссын йæ бон нæ уыд, уæддæр.
— Цы дын кæнон, мæ хорз хистæр, дæхи цæстæй йæ цалынмæ
фенай, уæдмæ дæ ницы бауырндзæн, æмæ дын цы кæнон?.. Цæй,
ам бирæ ныхæстæ ницыуал пайда сты, фæлæ цом мемæ. Æрмæст
мын мæнæ ацы фат нывæр цъæл фатимæ. Дзæбæх сæ бафснай, чи
зоны та нæ искуы бахъæуой. Дуне иугæр хин æмæ кæлæн у, уæд
йемæ мах дæр зондæй равналын хъæуы, науæд æдылы лæджы,
хин æмæ тыхджын, сæлæф кæрдойау, аныхъхъуырдзæн.
— Цæуынтæм мæ не ’вдæлы, Сырдон, мæнæ мæ куыстагмæ
æвналгæ дæр нæма фæкодтон, — загъта Алафарн, фæлæ Сырдон
йæ хъуыры фæбадти.
— Цæй куыстаг дын и, цæ. Мæнæ иу сыджыты султъы у æмæ
Дьш æй æз атулатæ кæндзынæн. Стæй ма дын ноджы иу фæнд: Ар-
дагъу-уæйыджы дæхицæй дард мауал уадз. Сыджыт ын хæссын кæн
къæссаты, æлыг æууæрдынæн уый фондз лæджы бæрц у. Дæуæн —
29
æххуыс, уымæн — зæрдæнцой, цы ма дæ хъæуы? Уæд дзы йæ маст
дæр байрох уыдзæн. Науæд æдылымæ дæр искуы раст зонд фæзыны
æмæ дын дæ амынды мæнг рахатдзæн... Уæдæ! Тæрсын дæ нæ кæ-
нын, фæлæ æцæгæй афтæ у. Ныр та цом Армимазмæ. Æхсæртæгга-
тæн фаттæ уый фæкæны æмæ ма йæм, чи зоны, нæ лæппуйы фаттæй
искуы аззад. Уый дын уыдзæн ног бæлвырдгæнæн...
Рацыдысты Уæллаг Нартмæ Сырдон æмæ Алафарн. Армима-
зы куырдадз хъæугæрон уыди æмæ сæ уынгæ дæр ничи фæкодта,
афтæмæй куырдадзы дуарыл бахæцыд Сырдон:
— Ам дæ, цы, Куырдалæгон? — хъазæгау дзуры Сырдон. —
Уазджытæ дæм æрбацыд, нæртон адæм, æмæ нæ æнæ дзуаппæй
ма аздах!
— Къæбылайы рæйд куы нæ кæнис, Сырдон, фæлæ мидæмæ
куы ’рбахизис, мæнæ мæм дзæбугæй хойынмæ куы фæкæсис, уæд
мæм хуыздæр кæсы... А-а, уый Алафарн куы дæ, ныббар, дæ хор-
зæхæй, мæнæй афтæ ацы къæбæда лæппу хынджылæг кæны.
Мидæмæ, дæ хорзæхæй!
Цалынмæ Алафарн æмæ Армимаз кæрæдзийыл цинтæ кодтой,
уæдмæ Сырдон къуымтыл йæ цæст хаста æмæ дзæбугæй хъазæн
хост кодта æфсæйнæгтæ. Федта къуымы Сосланы хъазæн фаттæй
цалдæр, ноджы федта Уырызмæджы æрдын æмæ фатдон ног фат-
тæй йедзагæй. Адон та ам цы ми кæнынц? Фаттæ аразын кодтаид,
фæлæ йæ фатдон æмæ йе ’рдын та ардæм цæмæ хастаид? Бафæр-
сын хъæудзæн Армимазы...
Армимаз æмæ Алафарн дæр уæдмæ сæ ныхæстæ фесты. Уыдон
кæрæдзи бирæ уарзтой. «Ды фæлмæн æфсæйнагæй архайыс, æз
та — хъæбæр, — хынджылæг-иу кодта Армимаз. Дæуæн де ’ххуыс-
гæнæг дон у, мæнæн — зынг. Фæлæ аразгæ иу хъуыддаг кæнæм.
Иу у нæ дæсныйад».
— Æххæст иу нæу, — нæ разы кодта Алафарн мæстæй мары-
нæн. — Æз фарны хабармæ здæхт дæн. Æз адæмæн сæ цард рог-
дæр кæнын: къус — хæрынæн, хъуырау — фыцынæн!
— О æмæ, гормон, æз дæр уый куы кæнын? хъуырауы цæмæй
исты сфыцай, уымæн хъæуы æфсæн, дзыргъа, къахæн. Кусарт
акæнынæн — кард, сырд амарынæн — фат, цирхъ!
— Уый дæр раст у, Армимаз, фæлæ цирхъ æмæ фат æрмæст
сырдты марынæн не сты. Лæгыл дæр цыма куы баныдзæвынц,
уæд дзы туг рауадзынц, афтæ мæм кæсы.
— Уый, мæ фыдау макуы фæу, лæджы сæр хъуырауæй куы
нæххафт кæнай, уæддæр дзы цыма æхсыр нæ рамиздзæн, æви
рседийын?
— Нæ, Куырдалæгон, нæ! Хъуырау æмæ цирхъ кæрæдзийыл
30
ма бар. Стæй дæумæ сурæг дæр цæуы æмæ лидзæг дæр — гæрзты
хорз мын схай кæн, зæгъгæ. Мæ дæсныйад адæмæн æрмæст хæр-
зиуæг хæссы, дæ цирхъ та фыдгæнæджы куыд кæрды, хæрзгæ-
нæджы дæр афтæ. Мæ куыст уæддæр фæрныгдæр у!
— Уæ дыууæ дæр фæрныг стут, — нал фæлæууыд Сырдон, —
фæлæ адон та цавæр хъазæнтæ сты, Армимаз? — бавдыста Арми-
мазмæ Сосланы хъазæн фаттæй иу. — Æви Нартæ балцы кой ныу-
уагътой æмæ хъазынмæ раздæхтысты?
— Хынджылæг ма кæн, цыма сæ нæ зоныс, уæ галиу лæппуйы
фаттæ кæй сты! Ныр сæ йæ сæрмæ дæр нал хæссы. Кæсыс, фæс-
тæмæ сæ æрбахаста: нал мæ хъæуынц ахæмтæ, сараз, дам, мын
Уырызмæджы фатдон æмæ æрдыны хуызæттæ! Дæ разы уыдон
Уырызмæджы гæрзтæ сты, нæ сæ уыныс?
— Уынын сæ, зонгæ дæр сæ хорз кæнын æмæ дын кæд арæзт
фесты, уæд ын сæ хæсгæ дæр акæндзынæн, — зæгъы Сырдон
æмæ йæ зæрды та ис Сосланы бафæлварын, Алафарны цур уый
ракъахын.
— Ахæсс сæ, ам мæ хъыг цы дарынц, æндæр сæ цы кæнын.
Лæппу кæмдæр хъазыныл фæци æмæ сæм ныр æртыккаг бон цæу-
гæ дæр нал кæны, — ницы фæхатыд Сырдоны æмбæхст фæндæн
Армимаз.
— Гъе, æмæ уæдæ хорз, нарты Куырдалæгон, æрмæст мын уый
тыххæй ды дæр хъуамæ иу хорзы бацæуай.
— Цы, дæ хорзæхæй? Æви дæ хæсджын исты фæдæн?
— Хæс та, фæлæ... Мæ зæрды ис хуым бакæнын æмæ мын
дзывыры ’фсæн самал кæн. Æфсæйнагæй мæм ницы ис, фæлæ
дын æвзалыйы хорз иу галгуыф мæнмæ.
— Уый хорз лæвар у, фæлæ уый искуы уыдзæн, куырдтæ афтæ
нымайынц: сомы каркæй абоны айк хуыздæр у, зæгъгæ. Гъе, æмæ
дæ кæд æфсæн хъæуы, уæд ма дæ разы стыр дзæбуг сис дæ арммæ
æмæ мæм иу чысыл фæкæс. Æртæ æфсæны мын ис рацæгъдинаг
æмæ сæ æрцæфтæ кæнæм... Æниу ды Æхсæртæггатæн сæ афтид
ном цы хæссыс, æндæр цыма тыхæй уыдонæй нæ фæдæ?.. Цæй,
ницы дын уыдзæн, иу бонваг тæрхъусдзарм дæр кæны, — æртæ
æфсæны цас рацæгъдинаг сты? Кæд тынг стыхсай, уæд мæнæ Ала-
фарн дæр ам ис, — уый тыхджын та мын рагæй зындгонд у,
бирæ хæттыты мæ ныббырста тыхæвзарæн хæстыты, — раппæлыд
куырд хъуыраугæнæгæй.
— Фæрнæй æппæлут кæрæдзийæ, куырм æмæ къуырмайау,
фæлæ мæн не ’вдæлы æмæ ма дæ разы хъæсдарæджы цур балæуу,
Алафарн, ды та ма куынцы идадз дæ арммæ райс æмæ кусгæ! —
31
барджыны ныхас ракодта Сырдон æмæ йæ уæлæфтау феппæрста,
дзæбуг бæрзонд фæхаста æмæ хъæсдарæгæн — хæфт.
Баризæгау кодта куырдадзы сыджытдзар, куырд æмæ хъуырау-
гæнæг кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой: ай æцæг тыхджын куы у
æмæ дзы мах куы ницы æнхъæл уыдыстæм...
Цалынмæ æртæ æфсæны дæр цагъд фесты, уæдмæ сыбыртт
ничиуал скодта, алчи дæр сæ йæ куысты уæлхъус уыд æмæ сусæ-
гæй быцæу кодтой æз-арæхстджындæрыл. Куырдадз дзæбуджы
къуппытæ æмæ æфсæйнаджы хъæрзынæй байдзаг ис. Сырдоны
цæфтæм уæззау хъæсдарæг бæзджын нымæг уынæр кодта, куыр-
дадзы къултæ рызтысты æмæ Армимазы зæрдæ та рухс кодта: уый
лæппу у, гъе!
Фыццаг хатт уыдта Сырдоны хъандзаламад уæнгтæ гомæй
Алафран дæр. Тыхджын къухтæ йын кæй ис, уый зыдта, æлыг
куыд æууæрста, уымæй бæрæг уыд, фæлæ ахæм уæйыгарæзт у,
уый йæ никуы бауырныдтаид. Адæмы дзыхæй æдзух йæ тæрса-
джы кой кæй хъуыста, уыйадыл æй фæрсгæ дæр никуы бакодта,
балцы цæмæннæ цæуыс, зæгъгæ, де ’фсымæртимæ? Афтæ йæм
каст, уыцы ныхасмæ фæхъыг уыдзæн Сырдон æмæ йæм никуы-
уал æрбацæудзæн. Уый та Алафарны нæ фæндыд. Ныр æм каст
æмæ дис кодта: нæ, ахæм тыхджын лæг тæрсаг нæ уыдзæн, ам
æндæр цыдæр хин ис, фæлæ цы? Абон цыдæр дæлгоммæ ныхас
кодта: «Дуне, ды йæ куыд æнхъæлыс, уымæй хиндæр, чъизидæр
æмæ хъæддагдæр у...» Фыццаг хатт дзы фехъуыстон ахæм ны-
хас, фæлæ йæ цыма æнæнхъæлæджы нæ загъта, æгæр зæрдиаг
ныхас кодта, цыма дунейы мастæй йæ зæрдæ байдзаг æмæ дзы
иу стъæлфæн схауд, сусæг арты ’взагау. Диссаг, цы амоной уыцы
сагъæссаг дзырдтæ, æнæмæт æмæ æвдæлон лæг куы у, уæд æй
цы нæ уадзы?
— Æ-гъа! — фæстаг цæф ма фæкодта хъæсдарæг Сырдон æмæ
арф ныуулæфыд, стæй йæ цæсгомы хид йæ цонджы æлхуыйæ асæрф-
та. — Кæй бакуыстам — хæдзарыл хæцгæ, кæй бон у — йæ хорзæх!
— Абон мын хорз бакуыстай, уæллæй, Сырдон, фæлæ дын уый
ныхмæ æфсæн нæ рауæлдай кæндзынæн, — дзуапп радта Арми-
маз. —Иу бон ма мын хъуамæ бакусай. Æвзалы дæр цæуылнæ,
фæлæ дæхæдæг мемæ куы уай иу бон, уæд мын уый æвзалыйæ
асламдæр нæ разындзæн.
— Кусинаг дын уа, Армимаз, уый йеддæмæ кусæг — мæнæ. Мæ
балцы сæр куы нæ лæууын мыййаг. Æвæлмон цард кæд искæмæн
ис, уæд мæнæн: кæм цы баййафай, уый бахæр, кæм дыл баталынг
уа, Уым ныххуысс! Хорз цард у уый, æвæдза! Æмæ иугæр афтæ у,
уæд мын иу бон дæумæ фæкæсын цы хъæуы?.. Æрмæст æнæмызд
32
кусæг ис, фæлæ æнæхæлц кусæгæй ницы ком ратдзынæн! Хæлц —
дæуæй, æфсæйнагхор! Стæй æз æфсæйнæгтæ кæй нæ хæрын, уый
дæр дæ рох ма уæд. Æз хуымæтæджы лæг дæн — нæ бæлццон, нæ
фыййау, нæ хуымгæнæг — æмæ мын фаг уыдзæн хуымæтæджы
чъиритæ, уæрыччы физонæг æмæ ронджы къопп... Кæд ма сæм
уæхи номыл дæр исты афтауат, уæд ууыл дæр — разы. Ныр та
цæуын хъæуы æз æмæ Алафарны, — Сырдон йæ уæлæфтауы йæ
уæнгтæ æрбатыхта æмæ та мæллæг, куыстæфхæрд фыййау лæп-
пуйы хуызæн аци. — Мæнæ Уырызмæджы гæрзтæ дæр ахæсдзы-
нæн, кæд нæ фыдуаг лæппу дæр уым уаид æмæ йын йæ фыццаг
скæнин йæ ног гæрзтæ, стæй йæ хъазæн фаттæ дæр.
— Куыдзы кой скæн æмæ лæдзæг дæ къухмæ райс, — бахудæ-
гау кодта Армимаз. — Дæлæ, гъе, йæхæдæг дæр.
Куырдадзы гом дуары къæсæрыл æрбалæууыд мытылхъарæзт
æвзонг лæппу, йæ фарсыл фатдон æмæ цирхъ, йæ галиу къухы
æрдын. Хъæбæрбыд æрфгуыты бынæй арфæвæрд цæстытæ æн-
дзыг каст кодтой. Къæйных æмæ хъæбæрдзых кæй уыдзæн, уый
бæрæг уыд йæ каст æмæ йæ цæсгомы æвæрдыл. Иуцъус æдзынæ-
гæй фæкаст куырдадзы адæммæ, стæй «Уæ бон хорз!» дæр нæ
загъта, афтæмæй фæрсынмæ фæци:
— Мæ фаттæ æмæ ме ’рдын цæттæ нæма сты?
— Арфæ уал ракæн, бынмиз! — фæхъæр ыл кодта Сырдон, йæ
зæрды та уыд æндæр фæнд — смæсты хъæуы ацы хиуарзон къæ-
былайы æмæ уæд æппæт дæр ралæхурдзæн Армимаз æмæ Ала-
фарны раз.
— Ды та цы цæсгомæй дзурыс мæнмæ, фæныкгуыз, и? Йе ’мгæрт-
ты рæгъы цæуынхъом чи нæу, уый дæр мæнæн зæндтæ амоны!
Фат æмæ æрдын дæ къухмæ исгæ дæр куы никуы ракодтай, уæд
цы хъæртæ кæныс, и? — стæвд Сослан æмæ йæ фатдоныл йæ къух
æрæвæрдта. — Æцæг фат æмæ æрдын мæм нæма ис, фæлæ дын
адонæй дæр дæ цæстытæ скъахдзынæн, уый зон, мæ хистæр кæй
дæ, уымæ дæр дын нал фæкæсдзынæн!
— Ы, дæ хорзæхæй, йæ хъуымыз йæ былтыл нæма бахус, аф-
тæмæй Уырызмæджы ныхæстæ куыд райдыдта!..
— Кæд иу бон дæр нæма банызтон мæ мады ’хсыр, уæддæр дæ фаг
скомдзынæн, стæй Уырызмæг кæд нæ дæн, уæддæр йæ лæппу дæн!
Сырдон ын хъуамæ загътаид, гуыймаг фыййау кæй нычъырх-
та, уый дæ, æндæр ницы, фæлæ уæд йæ фæнд хæлди, æмæ уымæн
та æруадзæн нæ уыд. Йе ’взагыл дæндагæй ныххæцыд Сырдон
æмæ бахудти:
— Гъеныр дыл зыны, æцæг ме ’фсымæры лæппу кæй дæ, фæлæ
уæддаер цыма æгæр æппæлыс. Кæд цæстытæ скъахынмæ уый-
Сырдоиы цæссыгтæ
33
бæрц дæсны дæ, уæд ма мын мæ къух фæцæф кæн. Цæрдæг! —
фæхъæр кодта Сырдон æмæ уайтагъд йæ пырх армы цурты бауад
Сосланы фат æмæ къулы ныффидар.
— Нæ сарæхстæ, ме ’фсымæр, уæгъды раппæлыдтæ дæхи-
цæй, — йæ цонг æруагъта Сырдон æмæ хинæйдзаг худт бакодта.
Сосланы цæсгом туджы азылди — фæивгъуыйа, уый æнхъæл нæ
уыд. Дзурын ницы сфæрæзта æмæ йæм уæд Сырдон йæхæдæг
фæраздæр: — Цæй, мæсты ма кæн, кæд куыд зæгъыс, афтæ дæс-
ны дæ фатæй æхсынмæ, уæд дæ æз ныртæккæ бафæлвардзынæн.
Мæнæ куырдадзы къулыл лæджы сæр нынныв кæндзынæн æмæ
йын кæд æртиссæдз санчъехмæ йæ цæстытæ акъахай, уæд дæ
дзырд раст у, уæд удæгас лæджы цæстытæ дæр акъахис. Кæд нæ
сарæхсай, уæд та лæппу дзæнгæдайæ фылдæр цы цæгъды, — фес-
тад Сырдон æмæ иу æвзалыйы къæртт фелвæста куынцы фарс-
мæ æвзалыдонæй, афтæмæй феддæдуар. Йæ фæдыл рахызтысты
куырд æмæ хъуыраугæнæг дæр. Дисы бахаудтой уыцы фæлва-
рæны æнæнхъæлæджы æрцыдæй æмæ дзурын ницыуал сфæ-
рæзтой, кæсгæйæ баззадысты æнахъом лæппу æмæ лæджы бы-
цæумæ.
Сырдон тымбыл хахх æркодта куырдадзы къулы фæйнæгыл,
стæй тымбылæджы астæу ноджы дыууæ чысыл тымбылæджы —
цæстыты бæсты, се ’хсæн уырдыгмæ фындзы хахх, æмæ стыр сан-
чъехтæй абарста æртиссæдз.
— Æрцу ардæм æмæ æхс! — фæсидт Сосланмæ. Уый бауад йæ
цурмæ, æвиппайды фæзылд куырдадзы ’рдæм æмæ фæд-фæдыл
дыууæ æхсты фæкодта.
— Скъахтон сæ, скъахтон сæ! — сцин кодта Сослан, фæлæ йæм
Сырдон йæ хъус не ’рдардта, барæй уый дæр Уырызмæджы æр-
дынæй йæхи милмæхъавæг скодта. Фехста дыууæ хатты Сырдон
дæр, фæлæ йæ фаттæй иу нысанмæ хаугæ дæр нæ бакодта, иннæ
нывæй бирæ дæлдæр нынныхст къулы.
Разгъордтой къулуынæг æмæ Сырдон йæхи тынг мæстыхуы-
зæй равдыста:
— Раст уыдысты дæ ныхæстæ, ме ’фсымæры къуындзих, ды
æнæмæнг скъахис лæджы цæстытæ. Хуыцау бахизæд лæджы демæ
быцæуæй! Æз та ацы хатт дæр ницы басгуыхтæн... Цы кæнон, а,
нæ мын радта Хуыцау уыцы амонд, æмæ æз дæр Æхсæртæггаты
фæсивæдимæ балцы цæуынхъом уон. Нæй гæнæн: дзылыйæн —
дзылыйы хай, цæргæсæн — цæргæсы хай! Ды цæргæстæй фæдæ,
уый æнæмæнг у, Сослан, фæлæ ныр цу нæхимæ æмæ дæ мадæн
дæр зæгъ дæ милмæ æхсты хабар.
Сырдон хъавыд Сосланы бæгъæмсар бецыккыл йæ арм æруа-
34
дзынмæ, цæмæй лæппу бынтон æрæууæндыдаид, фæлæ йын уый
Йæ къух атъæпп кодта æмæ йæ афæлвæрдта иуырдæм ариуыгъын,
ома æз мæхæдæг ныр лæг дæн æмæ мын сабийы рæвдыд цы кæ-
ныс. Сырдон ахъуыды кодта: ацы къæбылайæн йæ бон базонын
кæнын хъæуы, æндæра бынтон сгалиу уыдзæни хъуымызбылæй
æмæ исты фыдбылыз расайдзæн сыхбæсты. Æвиппайды йын фев-
нæлдта йæ цонгмæ, йæ цонджы хъул ын сæнт саст фæкодта æмæ
йæ æцæг ариуыгъта иуварс. Лæппу адзортт-дзортт кодта æмæ зæх-
хыл сæмбæлд. Ацы къæйных йæ фатдонмæ лæбурдзæн, æмæ ху-
динаг у адæмæй, — Æхсæртæггатæ кæрæдзимæ фесты, зæгъгæ.
Бауад Сырдон лæппумæ, цыма йыл схæцынмæ хъавыд, уыйау ын
йæ фатдон сыскъуыдта æмæ йæ дард фехста хæдзæртты сæрты.
Лæппуйы æцæгдæр йе ’фцæгготæй фелвæста æмæ йын туджджы-
ны цæстæй ныккасти йæ цæсгоммæ, сабыргай йæм ныдздзырдта,
Алафарнитæ йæ куыднæ хъуыстаиккой, афтæ:
— Цæугæ ныртæккæ хæдзармæ, æндæра дæ ам фарсдарæн кар-
дæй бардуздзынæн, куыдзы хъыбыл! Кæй цæстытæ скъахтай, уый
дæр хорз зонын æмæ дын уый дæр нырма рувасы карды ныхъуырд
у! Зæгь-иу дæ мадæн ацы хабар, зæгь æй Уырызмæгæн дæр æмæ уе
’ппæт дæр уæ дзыхыл хæцут, æндæра уыл туг уары, фехъуыстай?
Хъыпп-сыпп куыд нал скæнай, афтæ! Мæнæ кæйдæр лæгты фарнæй
кæй ирвæзыс, уый та дæ зæрдыл бадар, хæррæг! Цæугæ!
Сослан бамбæрста, цæуынæй хуыздæр хос дзы кæй ницыуал
ис, æмæ кæд йæ маст скъуыдис, уæддæр ницыуал сдзырдта, сыс-
тадис æмæ æвæндонæй араст сæхимæ йæ фатдоны фæдыл. Сыр-
дон худгæбылæй æрбаздæхт куырд æмæ хъуыраугæнæгмæ.
— Хатыр бакæнут, лæппуимæ мæ чысыл аныхас хъуыд, науæд
æгæр фыдуаг хæссы æмæ исты фыдбылыз расайдзæн хъæубæсты.
Кæсыс, Алафарн, уый та дын мæ ныхасы рæстдзинадæн ноджы
иу бæрæг... Афтæ у, хъуырæутты хуыцау, дунейыл хин æмæ кæ-
лæнтæ бирæ ис. Фæлæ сыл сындæг куы хъуыды кæнай, зондæй
сæ куы ’взарай, уæд хуымæтæджы хабæрттæ сты. Се скæнæг сæ
куыд фæнымайы, ахæм сусæгдзинадæй сæ ницы вæййы. Цæй, ныр
цом, Алафарн, дæ хъуырæутты кой бакæнæм. Армимаз, Уырыз-
мæджы фатдон æмæ æрдын сæ хицауæн ратт, фæлæ лæппуйæн
кæй сарæзтай, уыдон æз мемæ ахæсдзынæн. Ахæмты аккаг нæма
У, йæ сæр ыл нæ уæз кæны æмæ исты фыдбылыз сараздзæн. Афтæ-
иу бамбарын кæн Сатанайæн дæр, ды йæ, чи зоны, раздæр фенай.
Сырдон рахаста Сосланæн арæзт гæрзтæ, къулæй рафтыдта
фаттæ æмæ уыдон дæр йемæ райста, стæй араст Алафарнимæ
фæстæмæ Астæуккаг Нартмæ.
35
3
Сослан мæстæй скъуыд, фæлæ дзы иу цæстысыг не ’рхауд æмæ
йæхæдæг дæр дисы бахауд: уый, æвæццæгæн, æцæг лæджы ны-
сан у! Æцæг лæгæй хъуамæ цæстысыг ма хауа; æвзæр сылау, алы
æфхæрдæн æмæ алы цæфæн богъ-богъ чи кæны, уый цæй лæг у?!
Æрмæст, хæдзары размæ куы бахæццæ, уæд æй фæндыд скæуын,
цæмæй йын Уырызмæг æмæ Сатана йæ маст сæ зæрдæмæ арфдæр
айстаиккой, фæлæ дзы цæстысыг нæ ратагъд, кæд тынг æууæрста
йæ цæстытæ, фыдæнæн сæ лæмæрста, уæддæр. Æмæ та йæм уый
дæр хорз фæкаст: æвæццæгæн, æз иннæ лæппуты хуызæн нæ дæн,
æндонзæрдæ дæн æмæ мæ цæссыг уымæн нæ хауы! Фæлæ хæ-
дзармæ куы бахызт, Уырызмæг æмæ Сатанайы фынгыл бадгæ куы
баййæфта, уæд рамæсты: мæн маргæ кодтой æмæ адон та сæхи-
цæн цæл кæнынц! Мæсты бадт æркодта бандоныл, Уырызмæджы
фæзмгæйæ. Сатана уайтагъд фæхатыд уыцы хабар æмæ фестад,
бауад лæппумæ æмæ йæ афарста:
— Цы кæныс, хъæбул, чи дæ смæстджын кодта? Æви де ’мгæрт-
тæй искæимæ фæхыл дæ? Æмæ дын уый куы фæдзурын, хур,
алкæй лукъафындзмæ дæ сæрмæ хъазын ма хæсс, ды нæртон бæгъа-
тыр дæ æмæ дыл нæ фидауы...
Бирæ цыдæртæ ма фæдзырдта Сатана йæ лæппуйæн, фæлæ
йæм уый нал хъуыста, кæй дзы æппæлыди, уый йын йæ маст но-
джы тынгдæр агайдта: кæд бæгъатыр дæн, уæд мæм мæ хынджы-
лæггаг фыды ’фсымæр ахæмтæ дзурын куыд уæнды, куыд мæ
бафхæрдта адæмы раз?!. Сатана йын афтæ куы бакодта — «Уыдон
бынмизтæ сты дæ цуры!» — уæд та йæ тыппыртæ суагъта:
— Бынмизтæ, бынмизтæ! Уыцы номæй мæн фæхуыдта абон мæ
фыды хорз æфсымæр! Мæ фатдон дæр ма мын сыскъуыдта мæ
фарсæй! Æмæ йæм æз хъуамæ мацы дзурон — мæ хион у! Æз
фыццаг хъуамæ уый цæстытæ скъахтаин! Сымах та мæ æндæр
кæуылдæр сардыдтат!..
— Лæппу, дæ къæбæда дзых бынтон куы суагътай, уæд уый
циу?!. — ныррыхыд Уырызмæг, йæ цæстытæ фæхъоппæг кодта
æмæ йæ бæзджын сау зачъетæ йæ фæтæн армæй барджын сæрфт
æркодта. Йæ зæрдæмæ нæ фæцыди Сосланы ныхас, сымах мæ
сардыдтат, зæгъгæ.
— Цы суагътон, цæй-ма? Æви мæ Сырдон куы хынджылæг
кæна, уæд ын æз та йæ гæбæр къæхтæн пъатæ кæнон, и?!. — йæхи
нал баурæдта Сослан æмæ фестад бандонæй лæбурын æввонг.
— Сырдон?! — ныр та Уырызмæг фæдисау, уый æнхъæл уыди,
лæппуйы, æвæццæгæн, Хæмыц рацъыччытæ кодта йæ фыдуаджы
36
тыххæй æмæ уæд уый æмбæлди, фæлæ Сырдон?!. Æнæрæгъы-
дзыд Сырдон, мæ лæппуйы? Ау, уый та куыд?
— Сырдон дæм йæ арм систа?!. — ныддиссæгтæ кодта Сатана
дæр.
— Сырдон, Сырдон, гæбæр Сырдон! — йæ цæнгтæ ныттылдта
æмæ ныррызт Сослан. — Фатæй милмæ æхстам æмæ йæ фат мил-
мæ хаугæ дæр нæ бакодта, æз та милæн йæ цæстытæ дыууæ дæр
иу фæхъавдæй акъахтон, фæлæ мын стæй мæ фатдон раскъуыдта
æмæ йæ дард фехста, æндæра йын йæхи цæстытæ дæр фелвæстаин!
Уыцы ныхæстæм Уырызмæг æмæ Сатана кæрæдзимæ бакæс-
тытæ кодтой, ома ам хъуыддаг мæнæ хæрзтæй нæу. Сатанайæн йæ
уæнгтæ æрызгъæлдысты, — уый хуыздæр зыдта Сырдоны зонды
хæтæнтæ. Бирæ хæттыты йæ афæлвæрдта фæсайыныл, фæлæ йын
никуы фæрæстмæ. Сырдон-иу ын йæ митыл бахудт, стæй-иу ын
йæ хин, айдæнмæ кæсæгау, райхæлдта æмæ-иу уæд сабыргай ба-
уайдзæф кодта: «Худинаг дæм нæ кæсы, мæ хо?» Ныр иугæр,
сусæг æнхъæл кæмæн уыдысты, уыцы хъуыддаджы Сырдон йæ
фындз фæтъыста, уæд æй æнæмæнг райхæлдтаид æмæ худинаг
кæнынц, стæй ныттуджджынтæ уыдзысты алырдæм!.. Тас ахъард-
та Сатанайы уæнгты, фæлæ уæддæр йæхи фæурæдта æмæ афтæ
дзуры Сосланмæ:
— Лæппу, хъæр ма ма кæн, дæ нывонд фон, фæлæ бæлвырд
радзур, цæуыл дæм фæтызмæг дæ фыды ’фсымæр?
— Цæуыл, цæуыл! — йæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты мады ныхæс-
тæ Сосланæн, фæлæ бамбæрста, иугæр Сырдоны Сатана дæр фыды
’фсымæр хоны, уæд хъуыддаг сæрæй дзургæ у, стæй куыд уыди,
афтæ.
Радзырдта Сослан хабар æмæ йын йæ кæрон ногæй сфæлхатт
кодта:
— Уæ дзыхыл, дам, хæцут, æндæра уыл туг ныууардзæн! Æрт-
хъирæн мæм кодта уыцы тæрхъус! А-лæппу йын тæккæ сом йæ
цæстытæ скъахдзæн! Сымах æфсæрм дæр ын нал фæкæндзынæн!
— Лæппу, дæ дзыхыл хæц æмæ хион зон! — ныррыхыд Уырыз-
мæг, ныр æцæг мæстыйæ. — Уый нæй, уæд дын дæ хъазæн æрды-
ны босæй дæ хурх балхъивдзынæн.
— Фæлæуу-ма, цæуыл богътæ кæныс, нæ лæг, лæппу æртхъи-
рæнтæй фылдæр цы кæны, йæ фырæдылыйæ дзуры, æндæр кæй
цæст скъахдзæн, кæд мын рабæлццон и? — Сатанайы нæ фæндыд,
лæппу куы смæсты уыдаид, уый дæр: хивæнд, хиуарзон у æмæ йæ
куы смæсты кæнæм, уæд фыдæнæн дæр исты фыдбылыз сараздзæн.
— Æдылы чи у, уый йæ даргъ æвзагыл дæндагæй ныххæцæд.
Мæн æдылыты сæнтдзæф ныхæстæм хъусынмæ не ’вдæлы, стæй
37
мæ хæдзарæй æдылытæ цæуа, уый дæр мыл нæ фидауы. Уырыз-
мæгæй кæд цыфæндытæ дзурынц, уæддæр æй нырма æдылы ничи
рахуыдта, æмæ уæд ай кæмæй фæци?..
— Басабыр у, нæ лæг, уæззау хъуыддаджы рог хъæртæй ницы
рамбулдзынæ, ам хъуыды хъæуы. Хъæбул, ды уал уæртæ дæ дзау-
мæттæ раив æмæ исты басихор кæн, Сырдон дæ бафхæрдта, зæгъ-
гæ, уый та дæ хъуыдыйы кæрон дæр куыд никуыуал уа. Уый дæ
фыды ’фсымæр у æмæ дын иугæр зонд амоны, уæд æм хъусын
хъæуы. Ныр стыр лæг дæ æмæ хистæртæм бацыдтæ, уæд сын арфæ
хъуамæ ракæнай, цал хатты дын загътон?
Иунæгæй куы аззадысты Сатана æмæ Уырызмæг, уæд та кæ-
рæдзимæ бакастысты æмæ Уырызмæг йæ сæр ныттылдта:
— Усай, адон иууылдæр дæ хинтæ уыдысты æмæ сын гъеныр
сæруат дæр дæхæдæг скæн, æз хæцын зонын, кæимæ хæцон, уымæн
тыхæй мæ бон куынæ уа, зондæй сархайдзынæн, сайдæй, хинæй
йыл рацæудзынæн, фæлæ ме ’рвадæлты цæстытæ къахыны зонд
мæнмæ никуы æрцыдаид!.. Хæйрæджы къухты ныххаудтæн æмæ
ма цы кæнон, а?!
— Мæ аххос та дын фæци, Уырыз, нæ? — былысчъил худт
бакодта Сатана. — Æниу раст зæгъыс: зонд дæм цъус ис æмæ дын
цы хорзы бацыдтæн, уый не ’мбарыс. Уыцы аипп дæм æниу рагæй
фæстæмæ ис: хорз нæ зоныс, дæ зонд уыйбæрц нæ кæрды... —
Йæхи стæригъæддаг кодта Сатана æмæ та Уырызмæджы зæрдæ
дæр фæфæлмæн. — Хæйрæджыты къухты ныххаудтæ! Æз дын куы
нæ уыдаин, уæд нæртон фæсивæд дæ фæдыл фыййау дæр нæ ацы-
даиккой, ныр та — сæ фынгыл уа, сæ балцы, ныхасы уа æви куысты
уæлхъус — иууыл, стырæй-чысылæй сæ былалгъыл Уырызмæджы
ном ис! Æмæ дын уый дæ хæйрæг бакуыста, уый зон, нæ лæг.
Æдылы диссаг нæу, фæлæ æбузн, уый æнæгъдау лæджы гакк у.
— Раст зæгъыс, Ардагъуйы цæстытæ дæр ды скъахын кодтай
æмæ мыл ныр уый куы адам кæной хъæубæстæ, уæд канд тудж-
джын нæ ныууыдзынæн мæ мыггаджимæ, фæлæ тъымы-тъымамæ
фидиссагæн баззайдзынæн. Уырызмæг — æрвадхор! Уый та дын
мæ кадджын ном уыдзæн. Æмæ мын уый æцæг ды бакуыстай...
Бузныг, мæ зондджын æфсин, стыр бузныг!..
Сатана бамбæрста, Уырызмæг æцæг кæй старст æмæ йын йæ
хъуыды иннæрдæм аздахыныл ацархайдта:
— Фæнд мæн уыди, раст у. Фæлæ йæ пайда та — дæу. Уый
дæр раст у, Уырыз. Ардагъу дæуæй сгуыхтдæр разынд æмæ ма
иу-дыууæ азы фæстæ афтæ куы хæтыдаид, æнæ дæу, уæлахизæй,
уæд нæртон фæсивæд иууылдæр уыйæрдæм аивылдаиккой æмæ
Уырызмæг хуымæтæджы бæлццонæй аззадаид. Семæ ма дæ уагъ-
38
таиккой, уый дæр бæрæг нæу. Ныр та — раздзог, фæтæг! Сыбыртт
дæм ничи уæнды: тыхæн — тых дæ, æрхъуыдыйæн — зонд.
Сатана комкоммæ каст Уырызмæджы цæстытæм æмæ уый дæр
бауырныдта йе ’фсины ныхæсты рæстдзинад, æмæ Уырызмæг
йæхимидæг æнхъæлмæ каст: кæд та Сатана исты хин æрымыса,
æндæр дзы худинагæй фервæзæн нал ис!
— Дæхи æгæр цыма стæрсын кодтай, Уырыз... Сырдон, ды йæ
куыд æнхъæл дæ, ахæм фыд-зонд нæу. Раст у, нæ хин нын рай-
хæлдта. Лæппуйæн æй комкоммæ загъта. Фæлæ иугæр амонынмæ
фæци: уæ дзыхыл хæцут, — уæд уый зон, æмæ йæ рахъæр кæнын-
мæ нæ хъавы, æрмæст тæрсы, æдылы лæппу йæ искæмæн куы
зæгъа, кæнæ йæ исчи куы ракъаха, Сырдонау... Гъе, æмæ ма тæрс,
фæлæ Сырдоны дæхицæй æддæмæ ассон-ассон мауал кæн. Истæ-
мæй йæ куы фæхъыг кæнай, уæд маст исыны охыл, чи зоны, ра-
хъæр кæна дæ фыдми æмæ уæд Ардагъу, стæй йæ мыггаг дæр,
афтæ нæ ныууадздзысты се ’фхæрд.
Сатана сыстад æртыкъахыг бандонæй, ома уынаффæ конд у
æмæ ма дзæгъæлы цы сафæм рæстæг. Уæдмæ Сослан дæр ног
уæрæх хæдоны, йæ астæу хъулонбосæй æлвæст, афтæмæй бацыд
хæдзармæ. Уырызмæг дæр æрхуымæй, — нырма йæ тас уæддæр
нæ фесæфт, усы ныхæстæ æууæндинаг уыдысты, фæлæ Сырдон-
мæ цы зонд æрцæудзæн, уый Сатана дæр зæрдаивæй зоны, — ра-
цыд æддæмæ, Сосланмæ кæсгæ дæр нал бакодта, — мæ сафæг ацы
куыдзы хъыбыл у, зæгъгæ. Фæсдуарæй йæ цыллæ уæлæфтау рай-
ста, йе уæхсчытыл æй баппæрста æмæ фæцæуæг ныхасмæ.
4
Сырдон æрдынбос æрдыны комæй феуæгъд кодта, æрдындзæ-
гатыл æй атыхта æмæ æрдыны хъæд хуымæтæджы зылын хъилы
хаст кодта йæ галиу къухы. Нырма йæ маст не ’рысысти æмæ йæ
хъуыдытæ иууылдæр Сосланимæ уыдысты. Ничи йæм кæсы уыцы
фыййауы бæккамæ, цахæм фыдуаг рацыд... Иууылдæр мæ хойы
аххос сты æниу. Уый дзы цыма цæвæн хъил аразынмæ хъавы,
афтæ цæуы хъуыддаг. Кæуыл æй ацардауа, уымæн йæ цæстытæ
къахдзæн, мардзæн, æргæвддзæн, туг нуазыныл нæ бацауæрддзæ-
ни. Йæ хуыз дæр ахæм у, — тæригьæд цы у, уый зонгæ дæр нæ
кæны. Йæ цæсты гагуытæ та кæд сты хæрдмæ хъил, хъенæвæрд,
раст ма гæдыйæн вæййынц афтæ... Нæ, уый цы лæджы тугæй не
схуыпп кæндзæн, ахæм ын ничи ис. Мæ хо йын куы зæгъа, уæд
Уырызмæгыл дæр нæ бацауæрддзæни... Нæ, уымæ лыстæгдæр
æркæсын хъæуы, нырмæ сывæллон уыди, фæлæ ныр — цæттæ
39
лæгмар... Йæ фæндæгтæм хъус фæдарын хъæудзæн, æнæ фыдбы-
лыз нæ ныууадздзæн уый нæртон адæмы. Æцæг, кæд мæ ныхæс-
тæ радзура йæ мадæн, уæд ын уый фысым фæуыдзæн, йæ фыдми
никæмæнуал радзурдзæн æмæ йын батайдзæн мыггаджы æфсæр-
мæй. Уæдæ куы ныттуджджынтæ уæм, уæд ма ам цæрæн ис?..
— Алафарн, цæй, æз уал цæуон мæ хъуыддæгты фæдыл, ныр
сихорафон сси æмæ дæу дæр уæхимæ цæуын хъæуы. Хъуыраугæ-
нæг дæр сыджытхор нæ вæййы.
— Нæ, лæппу, афтæ цæугæйæ дын нæу. Нырма уал мæ цæх-
джын хойраг хъуамæ фенай, стæй ма мæ ныхасаг дæр ис. Дæ мил-
мæ æхсыны хабар æз хорз бамбæрстон, Армимаз дзы ницы хин
рахатыд, фæлæ дæм æз лæмбынæг кастæн æмæ мæ цæстмæ кæй
арæзтай æппæт дæр, уый базыдтон. Бузныг дæ зондæй. Рæстдзи-
над де ’рдыгæй ис, фæлæ ма дзы иу рæстдзинад хатын — нæу хорз
мыггæгты ныттуджджынтæ кæнын, — æмæ уый та ме ’рдыгæй ис
æмæ йыл ды дæр хъуамæ сразы уай. Æви та раст нæ дæн, Сыр-
дон? — Алафарн фарст æвæрдта зæрдæбынæй. Сырдоны æппæт-
фæлгъауæг зонд æм ахæм фæкаст, цыфæнды рæстдзинады дæр
хины къæм чи уыдта. Чи зоны та йæ ныры рæстаг фæнды дæр
исты къæм ис, уæд æй фæлтау бафæрсон, зæгъгæ.
— Нæ, Алафарн, разы дæн дæ фæндыл. Туг цы рæстдзинадæй
кæла, æрвадæлты ’хсæн хæрам цы рæстдзинадæй рæза, уый мæн
дæр ницæмæн хъæуы æмæ дæу дæр. Тæригъæд у Ардагъу, фæлæ
йæ Уырызмæджы фæсивæдимæ тохыл куы сардауæм, уæд ноджы
стырдæр фыдбылызтæ æрцæудзæн æмæ йæ уый ницæмæн хъæуы.
Фæлтау ацы рæстдзинад æз æмæ де ’хсæн баззайæд, Алафарн.
Зоныс мæ, Уырызмæг æмæ уыцы фыдуаг лæппуйы фарс рахæцы-
ны охыл нæ дзурын. Нæртон адæмы хорз мæ фæнды, æмæ туг-
калдæй та хæрзиуæг райгуырдзæн, зæгъгæ, уый мæ нæ уырны.
— Мæ рæдыд дæр уыцы фæндиаг расайдта, Сырдон, — абон
æмсæр лæджы ныхас райдыдта Алафарн Сырдонимæ æмæ йын
йæ ном арæх-арæх уымæн дзуры. — Чи зоны, уыцы фæндиагмæ
арæзт куынæ уыдаин сæрысуанг, уæд Ардагъуйы бакуырмы хъуыд-
даджы искæй хин федтаин. Ас лæджы фатæй цæф нæу, уый куы
базыдтон, уæд мæ æндæр хинтыл хъуыды кæнын нал фæндыд.
Ардагъуйы баууæндын кæндзынæн, йæ сафæг Уырызмæг кæй нæу,
ууыл æмæ мæн æндæр ницы хъуыд. Йе знæгтæ дæрддаг уæнт, йæ
фыдæх нæртон бæстæм мацы бар дарæд, уыййеддæмæ фыдмийы
ратæдзæн нал агуырдтон.
— Нæ, Алафарн, мæ хъуыды рагæй у иннæрдæм арæзт. Адæм
фыдуаг сабитæ сты, зæхх æмæ хуры, дон æмæ уæлдæфы фыдуаг
хъæбултæ. Хуыцау сын зонд радта, фæлæ иутæ уыцы зонд фыдми
40
кæныныл хардз кæнынц æмæ йæ иннæты зонд, хæрзиуæгмæ арæзт
зонд куынæ ныббырса, уæд а-зæххыл цæрæн никуы уыдзæн. Уæд
тыхы рæстæг уыдзæн кæддæриддæр... Нæ зонын, цас раст у ацы
зонд, фæлæ æз хуыздæр ницыма æрхъуыды кодтон, кæд мын сагъæс
кæнынæй дарддæр ницы куыст ис, уæддæр, — æрхуымæй нымайы
Сырдон.
— Раст нымайыс, Сырдон. Æз дæр уыцы хъуыдымæ рагæй
фæхъав-февнал кодтон. Куы мæм раст зынди, куы æгæр карз æмæ
иувæрсыг, æвзæр лæджы æфсондзау... Цы фæндыл ныллæууыда-
ин, уый рæстмæ нæ зыдтон, рæдийынæй тарстæн. Тæрсгæ та, фæлæ
æз ахæм туджы хицау дæн, æмæ хъуыды иухуызон кæнон, цæргæ
та æндæр фæткыл, уый мæ бон нæу. Æмæ тарстæн, æвзæр хъуы-
дыйы фæстæ фыдвæткыл куы ныххæцон, уымæй. Уæд, зæгъын,
мæ хъуыды дæр æмæ мæ цардыныв дæр фыдмимæ расайдзысты
æдылыйы охыл...
Бирæ фæдзой-дзой кодтон уыцы дывæнды ’хсæн, фæлæ мæ Ар-
дагьуимæ Уырызмæг æмбисонды сайд куы фæкодта, уæд загътон,
хуыздæр ницыуал æрхъуыды кæндзынæ, мæнæй уый, фæлæ дæхи-
цæн сбад æмæ ацы тыхы сæрыл бырстытæ ныууадз. Кæд адæмæн
исты дæ бон у, уæд дæ тых хæрзиуæгæй цæрынмæ сараз. Æмæ ам
хъуыраугæнæг зиллаччы цур мæ бонтæ хæрын. Уый дын мæ царды
фæтк... Бæргæ хуыздæр исты куы зонин, фæлæ мæ зонд æндæр
ницы ахсы. Бæлццонтæй мæхи кæй ратыдтон, уый мын уæддæр
æрцæудзæн нымад хæрзиуæгыл... Ардагъу тæригъæд у, фæлæ йæ-
хæдæг, тæригъæд циу, уымæн ницы зыдта. Уырызмæгимæ цы балцы
уыдыстæм, уым йæ болат лæдзæгæй бæстыдзаг адæмы фæцагъта, сæ
сæртæ сын ныцъæл-ныммур кодта, кæлмыты сæртау, æмæ цыма
æппындæр ницы æвзæр ми бакодта, уыйау худæгæй марди.
Ныр йæхиуыл куы ’рцыди тыхы фыдми, уæд, чи зоны, аивта
йæ зæрдæ, фæлæ мæ тынг нæ уырны. Райсом ын хуыцау цæсты
рухс куы радтид, уæд та иннæбон ногæй араст уаид балцы искæй
марын æмæ стигъынмæ. Æндæр зондыл лæууæн ис, æндæр фæт-
кæй цæрæн ис, уый йæ хъуыдыйы кæрон дæр нæй.
— Æмæ кæцæй уа, — йæ дзырд ын айста Сырдон. — Нæ мыг-
гаджы Сатанайæ хиндæр æмæ зондджындæр нæй, фæлæ йæ иунæг
кæстæры дæр искæй марыныл, тыхы сæрыл лæууынмæ ардауы.
Æмæ йæ нæ зоны, æнхъæлыс, уымæй тыхджындæр искуы фæ-
зындзæн æмæ йын, раджы уа-æрæджы, уæддæр уæлсынт хæсси-
наг фæуыдзæн? Зоны йæ, фæлæ йæм ахæм фæтк уæддæр хуыз-
дæр кæсы. Уæдæ Уырызмæг дæр æдылы нæу, фæлæ мæныл уымæй
йæ зæрдæ худы, — балцы йемæ цæуылнæ ралли-балли кæнын, йæ
кæстæр куы дæн, иу мадызæнæг куы стæм, уæд?
41
Цы йын хъуамæ зæгъон? Тыхы рæстæг мæ зæрдæмæ кæй нæ
цæуы? Уый буц цы номæй у, — æз бæлццон адæмы фæтæг дæн,
зæгъгæ, мæ тæсæй нæртон адæммæ дæр ничи уæнды! — уый мæ-
нæн уæнгæл кæй у, искæй марын æмæ стигъын — фыдми æмæ
фыдвæтк кæй у? Æмæ йæм бахъардзæн? Йæ дзыхыдзаг фæхуд-
дзæни: лæджы смаг дæ нæ цæуы, дæ гæбæр удæн схауынæй тæр-
сыс, цирхъ æрриуыгъынæн нæу дæ цонг, æрдынбос æрбалвасы-
нæн иннæ ахæм æмæ æфсæнттæ агурыс.
— Раст дын куы зæгъон, Сырдон, уæд æз мæхæдæг дæр абоны
онг раст афтæ хъуыды кодтон, — къæмдзæстыгæй бахудти Ала-
фарн. — Сау лæг, дам, йæ надыл нæ сæтты, фæлæ мæнмæ дæр
афтæ касти, цыма Æхсæртæггатæй лæг, йæ бон исты куы уа, уæд
марын æмæ тыхæй исыныл нæ бацауæрддзæни. Ды та ахæм нæ
фæдæ, — æдых æмæ тæппуд рацыдтæ... Ныббар мын, афтæ æвзæр
хъуыдыйыл лæуд кæй уыдтæн, фæлæ йæ цы ’мбæхсон. Ды ахæм
зонды хицау дæ æмæ йæ, æвæццæгæн, æнæ мæ зæгъгæ дæр ха-
тыдтæ, — бынтон ныфсæрмы Алафарн.
Уæдмæ йæ хæдзары размæ бахæццæ сты æмæ йын Сырдон
худгæйæ афтæ зæгъы:
— Æгайтма мын афтæ æргом радзырдтай дæ зæрдæбын ныхас.
Фæлæ иугæр абон зæрдæргомы бон фæци, уæд мæнмæ дæр фæ-
кæс. Мæнæ кæрты дуарæй дæ хæдзары къулмæ мил фæивгъуый-
дзынæ?
— Уый та дын цы фарст у? — фæхъыг Алафарн. — Æви мын
ахæм æгуыдзæг æнхъæл дæ? Æви балцы æцæг Уырызмæджы ныф-
сæй цыдтæн? Мæныл, лæппу, мæ рæстæджы нæртон фæсивæдæй
иу дæр нæ тых кодта нæдæр хъæбысæй хæцынмæ, нæдæр фатæй
æхсынмæ.
— Дæ дзырд фод, уырны мæ, фæлæ дын æз та уый зæгъинаг
дæн, æмæ ды мæн ардыгæй уырдæм нæ фæцæф кæндзынæ фа-
тæй, цасфæнды мæ æхс, уæддæр, — худы Сырдон, цæмæй Ала-
фарны ноджы быцæуыл сбукъ кæна.
— Ныууадз уыцы æппæлæн ныхæстæ, — чысыл батæвд Ала-
фарн. — Æз уырдæм маргъы цæст дæр нæ фæивгъуыйдзынæн,
тæхгæ маргъы цæст!
— Хæснаг кæнын дæ хъуырæутты хуыздæрыл! — йæхиуыл æй
ардауы Сырдон. —Кæд мыл дæ фат сæмбæла, уæд дын иу къуыри
æз кусæг æмæ цумагæнæн, кæд нæ, уæд дæ хъуырæутты хуыздæр —
мæн, барисæг дæр — мæхæдæг!
. — Куыд нæ дзурай, зоныс æй, æз дæумæ фат нæ сисдзынæн,
уый нæ, фæлæ дæм схуыст ныхас баппарын дæр мæ цæст нæ ба-
уарздзæни æмæ æппæлыс...
42
— Хорз, мæхи ма фехс, мæ кæстæр æнгуылдз дæ къухы амæт-
таг фод. Уымæй та мын цæмæй тæрсыс? Ардагъуйы чи сдзæбæх
кодта, уый йæхи æнгуылдз нæ байгас кæндзæн? Мæнæ дын Уырыз-
мæджы æрдын, мæнæ Сосланы хъазæн фат æмæ мын фæцæф кæн
ме ’нгуылдз, — загъта Сырдон, æрдынбос бафтыдта æрдынгомыл,
фатимæ йæ балæвæрдта Алафарнмæ æмæ йæхæдæг хæдзары къу-
лыл йæ армытъæпæн байтыгъта.
Алафарн иу бæстон хъавд фæкодта æмæ фат суагъта. Фат къу-
лы ныссагъди æмæ йæ къæдзил тылдта, æнхъæлмæгæс куыдзау.
Сырдон ныххудти йæ хъæлæсыдзаг:
— Нæ дын дзырдтон, Алафарн-сыджытхор, дæ фат Æхсæртæг-
гатæй лæгыл нæ сæмбæлдзæн, ды та мын дæхицæй æппæлыдтæ —
маргъы цæст тæхгæйæ акъахдзынæн! Афтæмæй мын мæ армытъæ-
пæн дæр нæ фæцæф кодтай. Бафæлвар ноджыдæр, цæв мыл дык-
каг фат!
Хорзау нал фæци Алафарн: цæстæй нал уынын æви уый циу?
Цæй-ма армытъæпæнмæ бахъавон, уый дæр ма куы фæивгъуы-
йон, уæд бынтон худинаджы бын кæнын. А, хингæнæг фестæд,
фæлæ йыл фат куыд нæ хъуамæ æмбæла, ницы мæ сæрæн зо-
нын?.. Ноджы бæстондæр ныхъхъавыд Алафарн æмæ йæ фат
Сырдоны армыл суагъта. Фат та къулы нассагъд, Сырдон та фыр-
худæгæй къулыл йæхи байтыгъта:
— Хъав дын, зæгъын, мæ гуыбынмæ, æндæр ды мæ къух нæ
фæцæф кæндзынæ!
Алафарны нæ бауырныдта йæ фæивгъуыды хабар æмæ Сыр-
донмæ бауад:
— Равдис-ма дæ арм, дæ цæф æмбæхсыс, æвæццæгæн, мæнæн
фæивгъуыйæн нæ уыд, ницы хуызы!
— Æмæ дын чи зæгъы, ивгъуыйгæ фæкодтай? Ды раст ныццав-
тай фат, фæлæ дын куы загътон: æз мæхиуыл цæф нæ уадзын!
Мæн сусæгæй мачи æрбахсæд, уыййеддæмæ уынгæ-уынын мæныл
никæй фат сæмбæлдзæн. Бамбæрстай мын мæ хины нысан? Нæй,
ницы бамбæрстай. Мæнæ къулыл мæ къухы ныв скæндзынæн æмæ
йæ фехс ногæй. —Сырдон йæ дзыппæй æвзалы систа, Армимазы
къулыл кæмæй ныв кодта, уый æмæ йæ къухы алыварс æрхахх
кодта. Кæстæр æнгуылдзы ныхы бынат тынг сахуырста æмæ йын
афтæ: ардæм хъав.
Алафарн йæ хъавæн бынатмæ ацыд æмæ æвиппайды суагъта
фат. Ныхæн йæ тæккæ бæстастæу ныссагъд фаты бырынкъ. Сыр-
дон та бахудти:
— Кæсыс, ды раст дзырдтай дæ рæстдзæвинæй, фæлæ æз дæр
раст уыдтæн, — дæ фат мæныл сæмбæлынхъом нæу!
43
— Уæд цæуылнæ? Æви æцæг хинæйдзаг дæ, — хъазтæмхасæн
фæрсы Алафарн.
— Хингæнæг нæ дæн, фæлæ мæ къух иуварс айсын мæ бон у, —
æнцад-æнцойæ загъта Сырдон. — Фаты тахтæй мæ къухайст тагъд-
дæр у, бамбæрстай?
— Бамбæрстон, — цины равг ахъазыд Алафарны цæсгомыл. —
ды уый зæгъынмæ хъавыс, ома тæрсгæ ницæмæй кæнын, фæлæ
балцыты рахау-бахау кæнон, искæуыл мæ фаты бырынкъ æмæ мæ
карды ком æвзарон, уый мæ нæ фæнды... Уымæй раст дæ, бам-
бæрстон дæ, бауырнын мын æй кодтай, фæлæ цымæ фатæй æх-
сынмæ дæр афтæ рæвдз дæ? — цымыдисæй фæрсы Алафарн.
— Мæ бæсты слæу къулы цур æмæ дын æй равдисон, — кæрты
дуармæ цæугæ-цæуын загъта Сырдон æмæ куы фæзылд, уæд 6а-
фарста. — Цæттæ дæ?
Алафарн йæ пырх арм æрæвæрдта къулы фæйнæгыл. Тынг нæ
дызæрдыг кодта Сырдоны рæстдзæвиныл,фæлæ уæддæр ахъуы-
ды кодта, цы нæ вæййы, уæд та нæ фæивгъуыдта æмæ мæ къух
фæцæф, уæд æгуыст фæуыдзынæн. Уыйадыл милмæ æрæвæрдта
йæ галиу арм.
— Æрмæст змæлгæ ма кæн, — æмæ æртæ фаты суагъта Уырыз-
мæджы æрдынæй фæд-фæдыл. — Ма фезмæл дæ бынатæй! — но-
джы та йæм бадзырдта Сырдон æмæ йæ цурмæ бацыд. — Кæс ныр
дæ арммæ.
Æртæ фаты дæр æнгуылдзты саггæмтты лæууыдысты иу рæн-
хъыл, ныхы хаххыйас ма сæ хъуыд буармæ. Алафарн раласта йе
’нгуылдзтæ æмæ сæ аууæрста:
— Нæ мæ уырны нырма дæр, мæ къухтæ æнæхъæн сты, уый.
Лæппу, æз мæ армы дзыхъхъæй дарын мæхи æмæ ме ’нгуылдзтæ
куы фæхъæн уыдаиккой, уæд дæ даринаг кодтон, уый зоныс?
— Зонын, Алафарн, зонын, æрмæст ды нæ зоныс, гæбæр Сыр-
дон дæр иу лæджы фæдарынхъом кæй у, уый. Æмæ мын ус дæр
уымæн нæ курыс, æндæра ма исчи мæ цахъхъæнæй æнæ усæй
цæры, иу сæфтдзагæй дарддæр?
— Уый дын мæ быгьдуан, Сырдон, — хъазæн ныхасæн хъазæн
дзуапп дæтгы Алафарн дæр. — Алæгаты чызджытæй мын кæмæ аца-
монай, уый дын мæхæдæг бачындз кæндзынæн дæ хæдзармæ. Иннæ
мыггæгтæй дын скъæфгæ уæддæр кæндзынæн. Иу Хуыцауы чызджы
мæ бон нæу æрхæссын, æндæр дæ никæмæй фæмæнг кæндзынæн.
— Гъе, æмæ дæ ныфс бирæ, æрмæст æлло ме ’рдыгæй, йæ ны-
хасчи фæсайа, уый... — гуымир ныхас не суæндыд йæ хистæрмæ. —
Уымæн йæхи ус хъæдмæ алидзæд, Сырдоны йæм хатæг цæуын
куыд бахъæуа.
44
— Разы, æрмæст ма мын дæ хæдзар дæр куы фенын кæнис,
кæдæм дын æй кæндзынæн, уый. Уырызмæджы хæдзармæ дын
нæ бацæудзынæн...
Хæдзары коймæ Сырдон æвиппайды нынкъард ис. Сырдонæн
хæдзар нæй!.. Æниу ын цы ис? Йæхи иунæг сæрæй дарддæр —
ницы. Хæдзар Уырызмæг æмæ Хæмыцы у, — уыдон раздæр рай-
гуырдысты, Сырдонæн дзы йæ уды номыл нæдæр фыдæбон ис,
нæдæр фæллой. Цы сæ хъуамæ æрдома? Æниу дзы бирæ куы
фæкуыстаид, уæддæр иунæг фысы дымæг дæр нæ рахæссид уыцы
давæггаг æмæ исæггаг фæллойæ. Ницы мæ хъæуы уыдонæй, сæ
ис дæр, сæ ном дæр тугæйдзаг сты, хæлар сын фод. Æз мæхæдæг
исты амæлттæ кæндзынæн. Фæлæ цы, бацæуæн къуым нæй æмæ
искæй кæдæм хъуамæ бакæнон? Хæдзар скæнынæн истытæ хъæуы,
æз та адæмы къуымты сахуыр дæн, куы кæм бахæрын кæрдзын,
куы кæм. Кæм дыл баталынг уа, уым — де ’хсæвиуат, кæм сæххор-
маг уай, уым агур стонгсæттæн къæбæр! Уый, чи зоны фидауы иунæг
лæгыл, фæлæ бинонты бæрны бацу, уæд афтæ цæрæн нал ис.
— Цæй хæдзар дын равдисон, уæздан хъуыраугæнæг? — баху-
дын афæлвæрдта Сырдон, фæлæ дзы ницы рауад. — Мæнæн хæ-
дзар нæй. Уартæ хъæдгæрон, Арпаданы былмæ ’ввахс иу халагъуд-
гонд дæ цæст æвзары? Уый дын мæ хæдзар, мæ сæрдыгон быууат,
мæ зæдты дауæн!.. Æцæг дзы зымæг уазал у æмæ æз дæр мæ
цæрæн раивын мæ фыды дæлбазырмæ. Уым иу чысыл къуым ис,
нывонд фыр, дам, дзы уыди раздæр баст хицæнæй. Ныр уым та
æз дæн баст æмæ дзы мæ зымæджы бонтæ, нæ — мæ зымæгон
æхсæвтæ æрвитын. Фæлæ уырдæм искæй нæ бакæндзынæ: нæ-
дæр ын рудзынг и, нæдæр дзы цæрæн и. Иу тæрхæггонд дзы са-
рæзтон, нымæт ыл байтыгътон æмæ дзы ныххуыссын, иу уæйлаг
нымæты зæрондæй мæхи нымбæрзын. Уый хæдзар нæу...
— Дæ бон ныччифай, Æхсæртæггаты хъал лæппу, æмæ уæдæ
исчи йæ чызджы бæласы бынмæ чындзы æрвиты? Уæд уал мын
загътаис: хъуыраугæнæг, хæдзар мын сараз æмæ мын стæй ус
æрхæсс, æмæ æз дæр мæ сæрæн исты хос кодтаин... Цæй, ницы
кæны, исты æрымысдзыстæм: хъуырау кæнын чи арæхсы, уый
хæдзары къултæ дойнаг дурæй сисамад уæддæр скæндзæн... Тæрс-
гæ мын ма кæн, мæ кæстæр, Алафарн йæ зондджын кæстæры ал-
цæмæй дæр мæгуыры ифтонг скæндзæн æмæ стæй — дæ хъару
æмæ дæхæдæг!..
— Хынджылæг кодтон, цæй ус курын. Мæнæн, æвæццæгæн, Хуы-
цауæй фæци лæвæрд ахæм зонд: хъуамæ иунæгæй батонон мæ цард...
— Иунæг — хæйрæг, мах иунæг цæмæн хъуамæ уæм, кæмæй
фыддæр стæм?
45
— Æз дæр фыццаг афтæ хъуыды кодтон: бирæ лæппутæ схъо-
мыл кæндзынæн, мæ зондыл сæ бафтаудзынæн æмæ ма сæ, чи
зоны, фæзмæг фæуа æмæ адæмы фыдвæтк фæстагмæ хæрзиуæг-
мæ разила... Ныр уыцы фæндыл дызæрдыг райдыдтон: ацы хин
æмæ мæнгард дунемæ барвæндæй ног адæмы кæн, уый, чи зоны,
йæхæдæг мæнгард ми у, ома æз бавзæрстон дунейы фыдмитæ, мæ
хъуырмæ сæ сдæн, фен ныр та ды, кæддæра цас адджын у цæрын
ацы дунейы, хин æмæ кæлæн адæмы ’хсæн!.. Чысыл сабитæ ра-
уадз æмæ сæ а-дунейы чъизи æмæ тыхыл амад царды хуыдымы
баппар, уый кæд, мыййаг, фыдми у йæхæдæг?.. Иннæмæй та тæр-
гайы хуызы ацу дунейæ, фыдвæтк æмæ фыд-зæрдæйæ фæтæрс,
дæ уды фæндиæгтæн бындар ма ныууадз, иу удмæ сæ ма ныдз-
дзур, уый дæр цас раст у? Кæд уый та тæппуды гакк у, æндæр
ницы?.. Фыдвæтк æмæ хæрамы фæсивæд мин-минтæ куы сты,
уæд хæрзвæтк æмæ хæлар бынтон æвæстаг хъуамæ фæуой?..
Æвæццæгæн уый дæр раст нæ уаид, хъуыраугæнæг, и?
— Гъе, лæппу, ды æгæр дæрдтыл нымайыс, — бахудæгау кодта
Алафарн, —æмæ æз æххормагæй дæ хъуыдыйы фæдыл куы ли-
дзон, уæд бастайдзынæн. Фæлтау уал цом, æмæ нæ чындзы къæ-
бицы аууилинаг кæд исты разынид, — Алафарн Сырдоны цонгыл
ахæцыд æмæ йæ сæ хæдзары ’рдæм фæзылдта. — Уый дæр ма дын
хъуамæ зæгъон: а-дунейыл æнæрхъуыдыйæ цæрын фосы ми у, фæлæ
иууыл тадзгæ-баргæ куы цæрай, уæддæр дзы хорзæй ницы рахæс-
дзынæ. Æз афтæ нымайын, æмæ цæрын æмбæлы, адæм куыд цæ-
рынц æмæ цæмæй цæрынц, уымæй. Иу раст лæг куыд æрвиты йæ
царды бон ацы тыхы дуджы, афтæ. Сабитæ хъуамæ цæуой, цæрой,
сæ царды нысан æххæст кæной. Хорзыл сæ сфæндараст кæн, —
уый нæ хæс у, фæлæ уый фæстæ уыцы фæндагыл куыд æмæ цæ-
мæй цæрдзысты, уый мах азым нал у, сæхæдæг дзуапп дæттæг сæ
хуыцауы раз дæр æмæ сæ намысы тæрхоны дæр. Дæхи барæй æвæс-
таг фæкæн æмæ йæ стæй дæнейы хæрамы аххос рахон, уый мæм
ницы зонды хъуыддаг кæсы. Уый, æцæг, зæрдæ æмæ зонды тæп-
пуддзинад у, æндæр ницы. Мæнæн фондз лæппуйы ис æмæ иу
саударæг чызг, æмæ сæ мур дæр ницæмæй тыхсын, нæдæр фæсмон
кæнын, кæй сæ рауагътон а дунемæ, ууыл. Уадз æмæ цæрой, дуне
мæнмæ канд хин æмæ чъизи нæ кæсы, уый йæ адæмы хин æмæ
хæрам фыдхуыз кæнынц, æндæра дуне йæхæдæг диссаджы аив æмæ
бæллиццаг у, цард та адджын æмæ æгъуыстаджы æхцон. Цæмæн
сæ хъуамæ фæцух кæнон уымæй? Нæ, Сырдон, тæккæ фæззæ-
джы дын ус æнæмæнг æрдавдзынæн, уæдмæ хæдзарæн дæр исты
амал кæндзыстæм... Ныр та уал мидæмæ, дæ хорзæхæй. Æй, фар-
ны дзынгатæ, цы фестут, уазæг фæцæуы æмæ нæм ракæсут!
46
5
Сырдоныл хорз бацин кодтой Алафарны хæдзары. Бинонты
æнгомдзинад æмæ фæрныг арм уынгæйæ, йæ зæрдæ ноджы ным-
мæгуыр: «Уæдæ æз цы ракодтон,хуымæтæджы царды цинæй мæн
хай цæуылнæ фæци? Нæ, ракурын хъæуы ус. Зæринæ сразы уы-
дзæни, фæлæ йæ кæдæм фæкæнон, æцæг? Мæ хъуыдыйы никуы
’рцыд, афтæмæй та хъуыды ууыл æмбæлди...»
Зæринæ, Алæгаты сидзæр чызг, Сырдоны зæрдæмæ рагæй
цыди. Æргом ын никуы ницы загъта, фæлæ йæ чызг æнæдзур-
гæйæ дæр хатыди, Сырдонæн йæ фенын æмæ йемæ аныхас кæнын
æхсызгон кæй вæййы. Зыдта ацы хабар Алафарн дæр, федта сæ
кæддæрты иумæ лæугæ, стæй йын æфсин дæр скæйттæ кодта, —
фæлæ лæппуйæн цалынмæ йæхи дзыхæй рацæуа ныхас, уæдмæ
йæм аив нæ каст уый зæрдæйы сусæгдзинадмæ къæйныхæй бавна-
лын. Зыдтой хабар Уырызмæг æмæ Сатана дæр, фæлæ сын æх-
сызгон нæ уыд, ус курынмæ кæй хъавы, уый, стæй йæ зæрдæмæ
Алæгон кæй цæуы, уый дæр. Иуæй — чындзæхсæвыл хæрдзтæ
хъæуы, æмæ Сырдон та йæ уды номыл хæдзармæ никуы ницы
æрбахаста; иннæмæй та Алæгатæ ницы адæм кастысты Æхсæр-
тæггатæм — зæхх фæйлауын æмæ хуыцæуттæм лæгъстæ кæнынæй
дарддæр ницы зонынц, æмæ уыдонимæ куы схæццæ уа нæ туг,
уæд фыдвæстаг фæуыдзыстæм, — нымадтой-иу сусæг-æргом сæ
хъал зæрдæйы фæндиæгтæ номдзыд бæлццон Уырызмæг æмæ зонд-
джын Сатана.
Сырдон абон фыццаг хатт ныссагъæс кодта йæ царды фидæ-
ныл бæлвырдæй, хуымæтæджы лæппуйау, æмæ бамбæрста, ип-
пæрд хъуыдытæ æмæ уæлвонг зæрдæйы фæндиæгтæй цард кæй
не рæзы. Царды алы бон дæр лæджы, хуры хъарм æмæ сатæг
уæлдæфау, хæрын, нуазын, искуы æрбадын, истæуыл æрхуыссын
кæй хъæуы. Уыдон та бирæ æндæр дзаумæттыл, фыдæбæттыл æмæ
сагъæстыл баст кæй сты. Бамбæрста уый дæр, æмæ цард, æрвыл-
боны хуымæтæджы цард, лæгæн, йæ хъуыды зæххы сауыл кæй
бæтты. Æмæ уыцы зондæй фыццаг фæтарст: афтæмæй лæджы
хъуыды зæххы афардæг уыдзæн, кæрдæджы уидагау, æмæ йæ
стæй агур, йæ сæр уæлæмæ никуыуал сисдзæн... Сырдоны та уый
нæ фæндыд — уый сахуыр æппæт дунемæ бæрзондæй кæсын, дуне
иу фæкастæй æнæхъæнæй, армы тъæпæны æвæрдау, куыд уыдта-
ид; уым æппæт цæрæг æмæ зайæг хал тыннывæндæгау дыууæр-
дæм куыд кæнынц, уый æдзух йæ цæсты раз куыд лæууыдаид,
афтæ. Фæлæ йæ уæддæр хуымæтæджы цард йæхимæ ласта, хуры
хъарм æмæ зæххы сатæгау сæрдыгон. Æмæ уæд йæ зæрдыл æр-
47
лæууыд: уидаг зæххы ацæуы æмæ йын хурмæ скæсæн нал вæййы,
уый раст у, фæлæ стæй рарвиты йæ фæдонты, уыдон ссæуынц
дунемæ æмæ сæхи ивазынц сæ цæргæ бонты арвы цъæхмæ, хуры
бæрзонд фæндæгтæм. Æмæ лæджы хъуыды цæуылнæ хъуамæ уа
афтæ? Ау, хуыйау иууыл уырдыгмæ хъуамæ кæса? Кæд, мыййаг,
æрмæст æдых хъуыды баззайы зæххы бын? Кæд, мыййаг, хъуыды
хъаруджын куы уа, йæ базыр сисын куы фæраза, уæд иууыл нæ
бахардз уыдзæн æрвылбоны царды хабæрттыл, бæрзонд стæхыны
фаг тых дæр ма йæм разындзæн? Уæд дзы цæмæй тæрсын ацы
æрвылбоны фыдæбонæй, — бавзарон æй, кæд мыл нæ фæтых уаид.
Куы фæтых уа, уæд та, æвæццæгæн, мæ хъуыды дæр ницы æмæ
мæхæдæг дæр, æмæ ма йæ цы иппæрд кæнон цардæй та?.. Æвæ-
рыны аккаг цы нæ уа, ууыл ауæрдын нæ хъæуы. Æвæццæгæн,
уымæн акæнынц æмбисондæн: иу боны хæлц фæнды де ’ккой бап-
пар, фæнды йæ дæ гуыбыны фæхæсс. Кæд мæ хъуыды дæр иу
боны хæлцæй уæлдай ницы у, уæд ыл дзæгъæлы мæт кæнын, цас
тагъддæр ацæуа мæры тармæ, уыйас хуыздæр.
Афтæ хъуыды кодта Сырдон йæхицæн, Алафарнæй йæ хала-
гьудмæ цæугæйæ. Хур арвастæуæй чысыл акъул, тынг стæвд зæххы
уымæлæй æмыдзаг уæлдæф æмæ улæфын фæзын. Сырдон йæ
халагъудмæ бацæуыны фæнд фæуагъта æмæ æрхъавыд раздæр
йæхи Арпаданы доны стулын. Фæлæ иунæгæй сфæлмæцыд æмæ
йæ куыдзмæ фехситт кодта. Фатакуй рагæпп кодта халагъудæй
æмæ цины хъыллист сирвæзт йæ хъæлæсæй, лыгъд радта йæ хи-
цаумæ. Сырдон æй æрбахъæбыс кодта, стæй йæ йе ’ккой сæвæрд-
та, фыййауы фысау. Уый Атакуйы зæрдæмæ фæцыд, фæлæ йæм
æрæджиау Сырдоны тыхулæфт куы фехъуысти, уæд схъыс-хъыс
кодта æмæ йæ Сырдон дæр æрæргъæвта. Куыдз айтæ-уйтæ нал
фæкодта, йæхи фехста доны ’рдæм æмæ Сырдон дæр бар-æнæба-
ры йæ фæдыл лидзынмæ фæци.
Доныбыл Сырдон иу къардиуы рæбын, лæджы цæст кæдæм не
’ххæст, ахæм ран йæ дзаумæттæ феппæрста æмæ гомгæрццæй ба-
лæгæрста доны йæ куыдзимæ. Уазал уыд дон, фæлæ дзы уæддæр
иудзæвгар æнæмæт ленчытæ акодтой Фатакуй æмæ Сырдон. Стæй
рахызтысты æмæ хъарм змисыл дæлгоммæ ныххуыссыдысты.
Хуыссы Сырдон, йæ сæр — йæ дзуарæвæрд цæнгтыл, йæ цæс-
тытæ цъынд; цыма фынæй у, уыйау змæлд нæ кæны, фæлæ йæ
хъуыдытæ та зилахар кæнынц æнæконд хуымты сæрмæ: уым абон
йæ дурджын хуым æхсæды сидзæр чызг Зæринæ...
Æз ам мæхицæн зæрдæхцон улæфт кæнын, уый та фыдæбо-
нæй мæлы... Худинаг нæу? Æниу исчи афтæ куы зæгъа, цы йыл
фæзæрдæйæ ацы усгур лæппу?.. Æмæ цы, — уадз æмæ дзурæд!..
48
Чи зоны, дзургæ дæр ничи ницы кæна: ахуыр мыл сты, Сырдон
æдылыдзæф у æмæ куы кæмæн фæкусы, куы кæмæн. Йæхицæн
нæ къуым ис, нæ хицау, уæдæ цы кæна? Сидзæр чызгæн æххуыс
кæны æмæ æгайтма! Кæд чындздзон чызг кæй у, уый тыххæй дам-
дум кæной, æндæр... Цæй, цы уа, уый уæд, фæдзурдзысты æмæ
банцайдзысты, фæлæ чызгæн аххуыс хъæуы. Йæ хуымтæ йын
кæнгæ дæр хъуамæ бакæнон, стæй кæд хæдзарæн исты самал кæ-
нон, уæд фæззæджы ’рдæм Алафарны барвитдзынæн, йæхицæн
ын мæхæдæг зæгъдзынæн, кæд сразы уаид, цыма йын мæ фенд
хъыг нæ вæййы...
Хорз уаид, Уырызмæджы бустæтæй дæр фервæзин, — æз мæ-
хицæн цæрин, уый йæхицæн. Иугæр мын бинонтæ куы уа, уæд
ныссабыр уыдзæн, ома йæхи фæнд атардта, йæхи зондæй цæры
æмæ дзы цы рамбула, уый дæр йæхи, цы фæзиан кæна, уый дæр...
Хъæды астæу мын цы халагъуд ис, уым æрцæрин, æмæ аив нæ
уыдзæн, стæй Зæринæйы дæр нæ бафæнддзæн: уый адæмимæ
цæрын ахуыр у æмæ йæ иу афон хъæдмæ сырдты ’хсæнмæ бап-
пар, уæд фæтæрсдзæн. Нæ, уый гæнæн нæй. Фæлтау мæнæ хъæд-
рæбын халагьуды бынаты сараздзынæн иу къæс æмæ уым кæд
бафæразид.. Кæд ын зын уа, уæд зымæг уыдон хæдзары цæрдзыс-
тæм, Алæгатимæ. Алафарн нæм æввахс уыдзæн æмæ-иу уыимæ
æрвитдзынæн мæ бонтæ... Чи зоны, æз дæр йæ цуры саразон иу
къуым æмæ хъуырæуттæ кæндзынæн. Нæ, уый раст нæ уаид, йæ
дæсныйад ын цыма байсынмæ хъавын, афтæ йæм куы фæкæса.
Нæ, æз сæ хъæды, халагъуды, Арсы галуаны араздзынæн, мæн
хиирхæфсынæн хъæуынц, уый — цæрынæн. Уадз æмæ сæ йæ са-
биты дара, æз сæ зæххы куыстæй дæр фæдардзынæн, кæд мын
Хуыцау зæгъа, уæд...
Фестад Сырдон, йе змистæ æрцагъта, фæлæ уæддæр буар чъи-
зи дардта æмæ та доны балæгæрста астæумæ, йæхи æрæхсадта
æмæ йæ дзауматæ акодта. Уæлбылмæ схызт æмæ акаст быдыры
хуымтæм. Далæ, гъе, Зæринæ иунæгæй архайы йæ хуымы уадз-
дзаджы. Фæкæсын æм хъæуы, цæуон.
— Фатакуй, ды, æвæццæгæн, иунæгæй сфæлмæцыдтæ? Цæй,
ды дæр мемæ рацу, науæд тæригъæд дæ — хæдзары бон-изæрмæ,
хъазгæ дæр макæимæ акæн!.. Нæ, ды мын ахæм иударон цар-
дæн не ’нтысыс. Цом мемæ, хуымы хъаз, цас дæ фæнда, уыйас.
Фи-итт! Цæугæ!
Хуымы даргъ, нарæг уадздзаг афтæ зынди, цыма йæ иннæ хуым-
тæ бацъист кодтой æмæ се ’хсæн ныллауызи. Зæринæ, асæй рæст-
æмбис, рæхснæг чызг, зылди йæ иу кæронæй иннæмæ æмæ æм-
бырд кодта дуртæ, иу чыргъæды сæ хаста кæронмæ æмæ сæ уым
4 Сырдоиы цæссыгтæ
49
цагъд кодта цæндтæ-цæндтæй. Сырдон ын «Байрай!» куы загъта,
уæд йæ астæу сраст кодта, йæ мæллæг цæсгом кæрдæны къалиуæй
асæрфта æмæ бахудызмæл:
— Арфæгонд у, Сырдон, фæлæ дæ ацы хуры цы ’рбахаста,
адæм кæм аууондæр бынат куы агурынц? Стæй Æхсæртæггатæ
хæдзары бадаг дæр куы никуы уыдысты, уæд сыл цы ’рцыди, æви
сæ фæтк аивтой? — былтæ чысыл базмæлыдысты, фæлæ сау стыр
цæстытæ хъæбæрбыд бæзджын æрфгуыты бынæй худынц æмæ
рæвдауынц лæппуйы зæрдæ.
— Иннæтæн нæ зонын, фæлæ йæ æз аивтон, балцы рахау-ба-
хауы бæсты, зæгъын, Алæгаты рæсугъдæн йæ хуым æхсæдынмæ
фæкæсдзынæн æмæ ма мын искуы зымæджы бонты кæрдзын уæд-
дæр бахæрын кæндзæни йæ удыбæсты тыххæй...
— Зымæджы бонтæн дын ницы æфсон кæнын, кæд дзы исты
æрзаид, афтæ нæу, уæд дын иу чъири æмæ иу бæгæныйы къопп
мæнмæ. Ныр та мæм кæд æцæг феххуысмæ æрбацыдтæ, уæд дæ
развæлгъау бузныг дæн, фæлæ райс дæлæ уыцы стыр тæскъ æмæ
дзы дуртæ хæсс уæртæ ауæдзмæ.
— Нæ, Алæгон-рæсугъд, æз азгъорон, уæлæ хъæдæй иу стыр
пыхс æрдавон æмæ дуртæ ууыл ласдзыстæм ауæдзмæ. Афт нын
иуæй фылдæр бантысдзæн, иннæмæй та нын æнцондæр уыдзæн.
Æз цæуын...
Сырдон æцæгдæр азгъордта йæ халагъудмæ, фæрæт раскъæф-
та æмæ иу тæрсы стыр къалиу ракодта, йæ дымджытæ йын кæ-
рæдзийыл абаста, æхсæнмæ-’хсæнты йæм чысыл къалиутæ афта-
уæнтæ кодта, лыстæгдæр дуртæ куыднæ згъæлдаиккой, æмæ йæ
йе ’ккой хуымы астæумæ бахаста.
— Гъеныр дæ хъару æмæ дæхæдæг, цас рæвдздæр едзаг кæнай
ацы адæггонд, уыйас тагъддæр асыгъдæг уыдзæн дæ хуым, — загъта
Сырдон æмæ йæхæдæг хуыртæ уидзынмæ фæци. Дуртæ æмбырд
кодтой дыууæйæ, ауæдзмæ сæ пыхсыл ласгæ та Сырдон кодта.
Куыстой кæрæдзи хынцмæ ноджы рæвдздæр æмæ сæм афтæ каст,
цыма фæллайгæ та æппындæр нæ кодтой. Сырдон стæм хатт хъа-
зæн ныхæстæ æппæрста Алæгонмæ, фæлæ йын уый ницы уагъта,
йæ дзырдмæ дзырд ардта æмæ уымæй дæр рухс кодта Сырдоны
зæрдæ: ахæм усимæ лæг цæрынæй никуы сфæлмæцид, йæ куыст
дæр рог уаид æмæ йæ улæфт дæр.
— Фæлæуу-ма, Зæринæ-рæсугъд, æмæ дæ хуым та афтæ æл-
вæст цæмæн у, дугъон бæхау дын йæ тæнтæ куы бахаудтой? —
хъазгæ фæрсы Сырдон.
— Уый та цы диссаг у, Сырдон, дæуæй ма æрвыл бон иу мис-
хал тона кæниккой, кæддæра афæдзмæ тынд карчы хуызæн не
50
суаис, — дзуапп дæтты Зæринæ æмæ йæм иу æхст каст фæкæны,
мидбылты худгæ. — Æмæ мæ хуымæй та, чысыл ма куы уыдтæн,
уæдæй нырмæ тона кæнынц...
— Æмæ чи ’рхауд дæуæй тона кæнынмæ, æви ма дæуæй мæгуыр-
дæр адæм дзæвгар ис Нарты зæххыл?
— Мæгуырдæр та дзы чи ис, мæ хур, кæд иунæг ды, æндæр
дзы никæй зонын, фæлæ тона мæгуыртæ нæ фæкæнынц, тона æмæ
исгæ тыхджынтæ æмæ бонджынтæ кæнынц, де ’рвадæлтæй йæ нæ
зоныс? Мæ хуымыл дæр тых æрцыди, уæдæ цы, æрвадæлтæ мын
цъус ис æви!..
— Кæс-ма, дæ хорзæхæй, уæдæ мæнæй мæгуырдæр ничи ис а
зæххыл, и? Æмæ дæм мæгуыргур кæд æрбацыдтæн, Зæринæ-рæ-
сугьд? — чысыл фæхъыг ис Сырдон, ахæм дзуапп æнхъæл нæ
уыди æмæ йæм хардзау æркаст: ау, адæм мæ, æцæг, мæгуыр куы
’нхъæлынц, æмæ йæ æз куынæ зыдтон, кæд мæ, мыййаг, Алафарн
дæр уымæн фарста, ус дын æркæндзынæн, фæлæ кæдæм?..
— Гъе-е, Сырдон, æнхъæл дæн, бахъардта дæм? Мæгуыргур
æз дæр никуы ацыдтæн, фæлæ мын ды мæ мæгуыр уæддæр зо-
ныс. Афтæ йæ зонын æз дæр. Чи зоны, зæгъай, дæуæн ничи ис,
дæ фыды дын балцы ныммардæуыд, дæ мад йæхи низæй амард
æмæ иунæгæй баззадтæ, фæкæсæг дæм ничи ис, æфсымæр дын
нæ баззад... Æппæт дæр раст у, фæлæ дæуæн номдзыд æфсымæр-
тæ кæй ис, уымæй дæ цард фæхуыздæр? Æви афтæ æнхъæлыс,
æмæ уартæ хъæдгæрон халагъуды кæй цæрыс фылдæр-фылдæры,
уый æз нæ зонын? Æз уалдзæгæй зымæгмæ ам, мæ хуымы кæрон
вæййын сæумæцъæхæй æмæ дæ æрвылрайсом уырдыгæй рацæугæ
фенын. Куыд зæгъыс, мæ фыды хæдзар дæ халагъудæй цауддæр
у? Мæнæн ма зæххы гæппæл ис, дæуæн та цы ис, балцæй ды
ницы æрхæсдзынæ, хуым ды нæ кæныс, фос ды нæ дарыс, цæмæй
ма хъæздыг дæ? Æви Уырызмæг-бæгъатыр балцæй цы ’рхæссы,
уыдон дæуæн лæвар кæны? Нæ мæ фæсайдзынæ, уый афтæ ницы
ратдзæни: йæ риуы къæй искæй фатмæ чи дары, афтæмæй чи сфæл-
лой кæна, уый чъынды вæййы йæ хардз кæныныл...
Сырдон джихæй хъуыста Зæринæмæ. Уый æнхъæл уыд, Алæ-
гон æм дзурын дæр не суæнддзæнис рæстмæ, афтæмæй йын уый
та йæ кæрц иннæрдæм рафæлдæхта æмæ дзы хынджылæг кæны!
Уый дын сидзæр сылыстæг! Æниу кæд, мыййаг, сидзæр кæй у, йæ
сæрыл дзурæг кæй нæй, уымæн æвзагджын у, — афтæмæй ма уай-
садгæ куы кæна йе ’рвадæлтæм, уæд ын канд йæ хуым нæ, фæлæ
йæ уд дæр снарæг кæндзысты...
— Дæ хорзæхæй, Зæринæ-рæсугъд, ахæм зондджынæй дæ хуым
куыд ысчъылыхдон, æви дзы дуртæ фæззæгæй уалдзæгмæ зайгæ
51
æркæнынц? — мæстæй мары Сырдон æмæ йæ цæстыты тигьæй
бахудти чызгмæ, ома дæм мæ хъазæн ныхас тæлммæ ма фæзынæд.
— Æй, тъотъына-тъотъына, Сырдон, æз дæ нæртон бæстыл
иууыл зондджындæр лæг æнхъæл куы уыдтæн, уæд уыцы хуымæ-
тæджы хабар нæ зоныс? Уый æмбисондæн куы баззад: идæдз ус —
дзырдæппарæн, æнæхицау хуым — дурæппарæн. Мæнæн цæй хи-
цау ис, æмæ йæм алы сыхаг дæр йæ хуымы хылычъы дæр æрба-
рæцугъы, æз та сæ цæндмæ фæхæссын. Кæс-ма, мæ хуымы алы-
варс цæнд æрмæст мæ ауæдзыл ис! Хъæздыг дæн дурæй æмæ,
мыййаг, ацы хатт хæдзар аразын куы ’рымысай, уæд дын иу къу-
лы фаг дур мæнмæ.
— Уæллæй, Зæринæ, иугæр мын дурæй баныфс æвæрдтай, уæд
мын хæдзар æнæсаразгæ нæй, фæлæ ма йын агъуыст та кæм самал
кæнон, уымæн мæ сæрæн ницы зонын, — барæй йæхи фенкъард
кодта Сырдон.
— Агъуыст? Æмæ хъæдрæбын куы цæрыс, уæд дзы цалдæр
фæйнæджы рафадын дæ бон нæу? Фæрæт дæм цыргъ фæрæт ис,
къухтæ — даргъ, цы хъуаг ма дæ? Дæ агъуыст — дæ фарсмæ.
— Мæ фарсмæ бæргæ ис, фæлæ цалынмæ мæ хæдзары сæр уа,
уæдмæ мæн нæу.
— Ома уый та куыд? — кæнæ йæ нæ бамбæрста, кæнæ барæй
æнæмбаргæ йæхи равдыста Алæгон.
— Кæсыс, Алæгон, æз дæр дæу иууыл зондджындæр чызг æн-
хъæлдтон ацы нæртон бæстыл, фæлæ хуымæтæджы базон-базон
нæ райхæлдтай. Уый сабитæ дæр куы зонынц: æнæфсин хæдзар
æнагъуыст хæдзар у!..
— Æ, хинæйдзаг, мæнæй афтæ цæуыл дзуры!
— Куырм, цæуыл, дам, кæуыс, æмæ — цæстытыл! — бахудти
Сырдон. — Ды та мын афтæ зæгъыс: агъуыст дæ фарсмæ ис! Кæ-
цæй...
— Дæ фарсмæ цы агъуыстаг ис, уый йæхи мæгуырæй дæр йæ
хъуырмæ у, дæуæн та ма цы кæна, и? — йæ мидбылты худы Алæ-
гон, фæлæ хъазыныл нал у, базыдта Сырдоны фæнд, фæлæ йын
цы зæгъа? Йæ зæрдæмæ цæуы ацы лæппу, фæлæ... Æцæгæй дзу-
ры æви хъазгæ кæны? Лæппу ахæм ныхæстæй фылдæр цы фæкæ-
ны, хъазæн ныхасæй дарддæр ын зæгъæн дæр ницы ис.
— Мæгуыр хæйрæг, —Алафарны ныхас йæ зæрдыл æрбалæу-
уыд Сырдонæн. — Æз æмæ ды зонд æмæ тыхæй цы хорз хъуамæ
ма ссарæм, и?
— Æз æмæ ды? Æмæ ды мæныл дæхи цы бæттыс? Кæд исты
ссарын хъом дæ, уæд ма йæ цы боны хорзмæ æвæрыс? Дæ хъару
æмæ дæхæдæг!
52
— Уый афтæ у, Зæринæ, — æнтъыснæгæй æмæ зæрдиагæй дзу-
ры Сырдон, — фæлæ кæй хъуыди мæ хорз дæр æмæ мæ цауд дæр.
Æз ацы дунейыл абоны онг уæлдайаг уыдтæн... Никæй дæр æз
æндæвтон, ничи дæр — мæн. Чи зоны, æцæг, мæнæн уæлдай нæ
уыд ацы дунейы цард, фæлæ кæй зæрдæйы кæрон уыди мæ цард?
Мæнæ мын ды базыдтай мæ цæрæнуат æмæ мæм уый дæр диссаг
фæкасти. Дзынгайæ уæлдай мæ царды кой никæй уыди, æмæ ма
дзынга искæуыл куы фæхæцы, уæд æм марæн къух фæхъил кæ-
нынц, æз хæцгæ дæр никæуыл фæкодтон...
— Уымæй раст зæгъыс, æмæ кæд дæ хорз æрмæст уый уыди,
уæд та? — фæрсы къахæгау Алæгон.
— Уый ницы диссаг у. Лæгæн йæ бон куынæ уа, уæд ын йæ
сабыр хорзыл нымайын не ’мбæлы, уæдæ цы кæна? Фæлæ, чи
зоны, æз, адæм куыд æнхъæлынц, афтæ æнæбон æмæ тæппуд нæ
фæдæн, уæд та? Зонын æй, ды дæр мæ ахæм æнхъæлыс — æдых,
тæппуд, кард райсынæн чи нæу, фат суадзынæн, хæтæны фæцæуы-
нæн... Чи зоны, æххæст афтæ дæр нæу, фæлæ дæу цæмæй бауыр-
на? Æмæ дын æй уырнын дæр нæ кæнын. Æрмæст мыл баууæнд,
ды хæдзары агъуыст куы фæуис, уæд мæнæй тыхæй дæр æмæ
зондæй дæр, арæхстæй дæр ничи ницы ахæссид... Уый æппæлæн
ныхас нæу, æрмæст æй дæуæн дзурын. Фæлæ кæд адæмы фидис
бауромын дæ бон нæ бауыдзæн, уæд мын мацы зæгъ æмæ ферох
уæд ацы радзур-бадзур дæр. Сырдон у æдых, тæппуд, æдылы-
дзæф æмæ афтæмæй баззайæд дæ цæсты дæр... Цæй, фагу дзуры-
нæн, — ныттызмæг Сырдон, — мæнæ ма ацы пыхс у æмæ йæ ала-
сон, стæй дæ хуым — авгау сыгъдæг, йæ дуртæ — мæн, цы дзы
’рзайа, уый та — дæу... Æмæ дзы фæрныгарм у...
Рог фелвæста Сырдон пыхсы дзаг дуртæ йæ хъæбысмæ æмæ
сæ хуымы кæрон цæндыл бакалдта, цыма йæ раздарæны хуыртæ
хаста, уыйау. Чызг æм кæсгæйæ баззад: ай æцæг нæртон бæгъа-
тыр куы у æмæ йæ куы ничи зоны!..
— Хæрзæхсæв рау! — Æрбадзырдта хуымы кæронæй Сырдон. —
Æз цæуын мæ халагъудмæ, ды дæ фæрныг хæдзармæ фæндараст
фæу!
— Фæлæуу-ма, лæппу, дæ хорз хорз у æмæ мæ уæртæ фæндаг-
мæ бахизын кæн, — адзырдта йæ фæдыл Зæринæ æмæ йæм ратын-
дзыдта.
Æрталынг сыл хуымы, нæ йæ фæхатыдысты, афтæмæй. Кæд
æмæ арв рухс уыди, мæй та быдыры кæронæй скæсынмæ хъавыд,
уæддæр зæххыл тæнæг тар æрбадти æмæ Сырдонмæ дæр хорз нæ
фæкаст чызджы афтæ фæуадзын.
Цæуынц фæрсæй-фæрстæм чызг æмæ лæппу, фæлæ исдугмæ
53
ницы дзырдтой, Сырдонмæ дзуринаг ницыуал уыди, загъта йæ
фæндиæгтæ, æгæр æргом дæр ма, хъазæн ныхасмæ та йæ зæрдæ
нæ ради: абон ын дыккаг хатт ракодтой йæ мæгуыры кой æмæ йыл
æртæфсти, ноджы тынгдæр та йæ иунæджы хабар. Зæринæ дæр
нæ зыдта, цы зæгъа, уый: Сырдоны галгуыфыдзаг дуртæ афтæ
рогæй хæсгæ куы федта, уæдæй нырмæ цы хъуыды кæна Сырдо-
ны тыххæй, уый нал зоны: ацы лæппу бынтон æндæр цыдæр у,
адæм æй цы ’нхъæл сты, уый, æвæццæгæн, мæнг у, æцæгæй цы у,
уымæн та æз ницы зонын. Нæ, ныртæккæ мын дзургæ нал у. Ис-
кæй бафæрсын хъæудзæн аивæй. Æнхъæл дæн, Алафарнимæ хæ-
лар сты, арæх æм бацæуаг у Сырдон æмæ йæ уый хъуамæ дзæбæх
зона. Уый бафæрсын хъæудзæн. Мæ чысыл зондæй ахæм хъуыд-
даджы тагъдæй ницы радавæн ис.
— Лæппу, цыма дæ истæмæй фæхъыг кодтон æмæ тæргай фæдæ,
уый лыгьд цæмæн кæныс? — комкоммæ йæм бакаст Зæринæ, фæлæ
йын йæ цæсты рухс нæ федта талынджы, æрмæст йæ фездæхт
æхсызгон уыд Сырдонæн, уый æууæнчы æмæ уарзоны фæкаст
уыди. — Æз мæнæ мæгуыр æмæ иунæг чызг дæн, мæнузæгъæг
кæмæн нæй а дунейыл, æмæ цы мæхæдæг дæн, цы мæ дзырд,
цæуыл мæм хъыг кæныс? Дæхæдæг æдзух хъазæн дзырдæй куы
хæссыс адæмы, уæд дæм æдылы сылыстæджы ныхас цы хъыг
фæкаст? Æниу кæд хынджылæг нæ кæныс, уæд фæтк æмæ æгъдау
ды мæнæй хуыздæр зоныс. Фæхæцæг мыл ничи ис, фæлæ мын
хистæртæ ис. Хъуыддаг уыдонæй кæнгæ у, мæнæй дзы цы аразгæ
уа, уымæй та дæ ныфс уæд абонæй фæстæмæ. Æрмæст иу хабар:
адæммæ цæмæй æвдисыс дæхи, уый нæ дæ...
— Уæдæ ма цы, хингæнæг? — срухси Сырдоны зæрдæ чызджы
ныхæстæй æмæ йæ хъазæн зæрдæйыл фæхæст.
— Хынджылæг ма кæн, æцæгтæ дзурын, æмæ дын зæгъын,
уый куы базонон, дæ аккаг нæ дæн, дæ цардæн дын ницы ахъаз
фæуыдзынæн, уæд-иу мæ ма рахъаст кæн. Æз мæ мæгуыр бон
хорз зонын æмæ дæу истæмæй хъыг дарон, уый мæ нæ фæнды.
Уый дын мæ ныхас æмæ гъеныр хæрзæхсæв у, — раарфæ кодта
чызг æмæ араст йæ фæндагыл.
— Фæлæуу-ма, Алæгон, æз дæр дын раарфæ кæнон, æфстау
фидын хъæуы, — худы талынджы Сырдон, йæ зæрдæ арвы мил-
тыл йæхи сæрфтытæ кæны, гæдыйы дымæгау, æмæ ма йæ фæнды
исты хуызы Алæгоны цур алæууын. — Кæд дæ æцæг мемæ цæуын
нал фæнды, уæд хæрзæхсæв рау. Æз дæм ардыгæй кæсдзынæн,
тæрсгæ ма кæн, мæнæ Фатакуй та демæ ацæудзæни. Æмбаргæ у,
куы схæццæ уай, уæд ын зæгъ, цæугæ фæстæмæ хæдзармæ, æмæ
йæ уæлвæд мæ цуры æрбалæудзæн.
54
— Уæдæ дæ куыдз дæхицæй æмбаргæдæр куы у, лæппу, æмæ
йæ æз куынæ зыдтон. Цом, уæдæ, Фатакуй, ды та хæрзæхсæв,
Сырдон.
Чысыл фæстæдæр Фатакуй йæ хицауы цур æрбалæууыд æмæ
дыууæйæ кафгæ-сиргæ араст сты сæ халагъудмæ.
Сьрдоны зæрдæ ацы изæр ахæм уагыл уыд, æмæ йæм зарын,
сæрбихъуырæйттæ кæнын цыди. Халагьуды иуцъусдуг абадт, стæй
йыл йе стонг æртæфст æмæ йæ фæстаг еууы гуыл систа хъуыра-
уæй, дыууæ дихы йæ акодта æмæ Фатакуй дæр йæ хай адджынæн
апырдта. Йæ хид æрысысти æмæ йæм афтæ каст Сырдонмæ, цыма
йæ фæсмын уæлæфтау хъыдзы кæны. Мæхи астæуæй уæлæмæ
куы ’рæхсин, уæд сулæфин æмæ стæй ныхасмæ ссæуин, — хъуы-
ды кæны Сырдон. Иæ зæрдæ афтæ цинæвдылд у æмæ йæ цы хуы-
зы равдиса, уый нæ зоны. Йæ зонды тых, йæ дзырдарæхст искæ-
уыл куы бавзарид, уæд йæ мондæгтæ суадзид. Ныртæккæ йыл цы
уæйыг фæтых уаид, Нарты фæсивæды стырæй-чысылæй кæрæд-
зиуыл самаид, фæралас-балас сæ кæнид зæххытыл, фæлæ йын
уый гæнæн нæй — хъуамæ мачи зона Сырдонæн йæ тых дæр, йæ
арæхст дæр, зондæй хъуамæ кæна йæ хъуыддаг Сырдон.
Фæсидт та Фатакуймæ — абон уый дæр хъуамæ йæ цуры уа
ныхасы, абон иунæгæй йæ бон нæу Сырдонæн! — æмæ азгъордтой
Арпаданы былмæ. Сырдон йæхи астæумæ æрæхсадта уазал доны
æмæ араст сты быдыры æвæндаджы комкоммæ Уæллаг Нарты
ныхасмæ.
6
Уыди сабыр мæйрухс æхсæв. Цæлхыдзаг мæй арвастæумæ
схæццæ. Цыма уырдыгæй фæтулын йæ зæрды нал уыд, уыйау
æнцад-æнцад зылди йæ мидбынат æмæ, куыройы фыдау, нымæг
рухсы лæхурæг зæрста дунейыл. Нæртон зæххыл уыцы рухсы
рыг уылынджы бæрц сбадт æмæ рæвдыдта лæджы цæст. Уалдзы-
гон тæвд бон уымæл зæххы хъарм комы тæф фæссихормæ быдыр-
ты лæнчыты сæрмæ сбадт. Æцæг æй, цалынмæ хуры тых нæ фе-
сæфт, уæдмæ цæст не ’взæрста, фæлæ изæрæй куы фæуазал, уæд
зæххы комдæф ныббæзджын æмæ мигъвæлм фестади. Мæйы ды-
дзы рухсмæ афтæ зынди, цыма ногдыгъд хъарм æхсыр ракалди
уæларвæй æмæ быдыры лæнчыты æмæ къуырфыты бацахсти.
Уыд æвæджиауы сабыр. Ахæм сабыры лæджы зæрдæйыл цы-
дæр æбæрæг сагъæс бафты æмæ хъусæгау фæкæны дард уæларвы
бæстыл стъалыты нымæг ныхасы сыбар-сыбурмæ, хъæды тар къо-
55
хы уæззау улæфтмæ комрæбынæй, фынæй быдыры иугъæдон сым-
сыммæ мигъвæлмы хъæццулы бынæй.
Уыди æнтъыснæг сабыр, лæджы зæрдæйы комыл чи ныххæцы
æмæ йæ дунемæ дзагъырдзастæй чи кæсын кæны, ахæм. Æмæ, чи
зоны, Нарты Сырдон дæр йæ къæсы размæ æртыкъахыг бандоныл
бадид ныллæджы, ныгъуылид исты адджын сагъæстæ æмæ фæн-
диæгты, йæ дардуынæг цæстæй кæсид Уазайы фæлмæмбæхст цьуп-
мæ, йæ лæппын зæрдæ рæвдауид мæйы фæлмæн тынтæй, фæлæ
йæ зæрдæ цъуппдзаг у цинæй, æмæ ахæм зæрдæ та хивæнд вæййы,
нæ хъусы зондмæ, уый æппæтбарæг уынаффæтæм. Сырдоны зæр-
дæ афтæ хъал æмæ цинæлгъæд у, æмæ зарджытæ кæны йæхими-
дæг. Сырдон цæуы, йæ развæд уынгæ дæр нæ кæны, афтæмæй,
æрмæст цæсты тигъæй ахсы — Фатакуйы тымбыл аууон тулы йæ
разæй, йæ хъæлæсæй цыдæр æдылы зарæг куыд стæхы, уый та
йæ къæрцхъустыл ауайы:
О, Æрфæныфæд, дам, ызгъæр хидау у, —
Йæ уæлæ бады рæсугъд æхсинæг, гъей!
Ой, лæппуйы цард, дам, цæмæй фидауы, —
Фыццаг нымады хæрзуд æфсинæй, гъей!..
Сырдон зарын бирæ уарзта, заргæ дæр арæх кодта, фæлæ
æрмæст йæхи цæрæнуаты — тар хъæды астæу; Арсы галуаны-иу
цыдæртæ зарæгау кодта ныллæг, бæзджын хъæлæсæй. Æцæг æм
уым хъусæг уыдысты йæ æрмахуыр арс Бердах, саджы род Гуы-
мыдза æмæ мыдыбындзытæ, æмæ дзы бирæ ницы домдтой, фæлæ
Сырдонмæ хорз касти зарын. Æрмæст ныр хъæумæ ’ввахс быды-
ры тыгъды кæй арало кодта, уый æрæджиау йæ зæрдæмæ нал
фæцыд æмæ йæхицæн уайдзæфтыл фæци: цæй, цæуыл бæгъ-бæгъ
кæныс, адæм дæм хъуамæ æркæсой æмæ дæ бафæрсой, цы ’рдиаг
кæныс, æмæ сын цы зæгъдзынæ? Уый йæ зонды ныхæстæ уыдыс-
ты, фæлæ йæм зæрдæ фæкъæпп кодта: цы зæгъдзынæн?! Уый,
æмæ — уалæ мæй цырагъдар æфсинау, лæууы арвастæу, дуне —
рухс æмæ райдзаст, сабыр æмæ цинæфсæст, уалдзæг — йæ тæмæ-
ны, дон — йæ ивылыныл, цард — йæ аразыныл!
Сабыр! Налатæй чи райгуырд, уыцы налат! Нæ уыныс, уæлæ
Нарты гуыппырсартæ ныхасы бадынц æмæ дæ куы фехъусой, уæд
дæ худæджы хал кæй фестын кæндзысты, уый нæ зоныс? — хæцы
йæ зæрдæмæ Сырдон, фæлæ йæм цыма уый тынг нæ хъусы, æцæг
хъæрæй нал зарыди, фæлæ уæддæр йæхинымæр йæ фыццаджы
зар?ег ивæзта: Æрфæныфæд, дам, ызгъæр хидау у!.. Фод афтæ
дæр, фæлæ Сырдон ныхасы кæронмæ бахæццæ æмæ сын арфæ
ракодта, стæй кæронæй фæдзуццæг, куыд ничи йæ хатыдаид, йæ-
56
хæдæг хъусæг æмæ нымайæг куыд уыдаид, йæхимæ та дзырдæп-
парæг куыд никæцæй уыдаид, афтæ.
Сырдон йæ арфæйы дзырд сабыргай загъта, æрмæст æй кæс-
тæртæ, кæй фарсмæ балæууыд, уыдон куыд фехъуыстаиккой, фæлæ
йæм ацы изæр рагæй æнхъæлмæ каст Уырызмæг, йемæ куы аны-
хас кодтаид Сосланы бафхæрды тыххæй, уый йæ фæндыд æмæ
йæм йæ цæст дардта. Уырызмæг æй ауыдта, уæдæ цы, фæлæ йæм
дзургæ ницы скодта. Æрмæст иу-цасдæр куы рацыд лæппуйы æр-
бацыдыл, уæд ныхъхъуыды кодта: а Сырдон Алæгаты чызгыл æгæр
зилæнтæ кæны. Нырма ницы дзуры, фæлæ не ’фсины цæстæй цы
аирвæздзæни æмæ йæ уый куыд дзуры, афтæмæй мæ рæхджы
минæвæрттæ æрвитын бахъæудзæн... Йæ уæлвæд балымæнтæ
уыдзыстæм, уæдæ куыд вæййы, æмæ мæ йæ хæрдзты мæт уый-
бæрц нæй, фæлæ ус барджын у, мæнгæй нæ акæнынц: лæг лауыз
у, ус — фæлдахæг!.. Алæгон æнæмæнг афæлдахдзæн Сырдоны
дæр, æмæ, мыййаг, уæд куы рахъæр кæна Ардагьуйы хабар? Худи-
нагæй байдзаг уыдзæн бæстæ, фæсивæдæй мæ фæдыл ничиуал
ракомдзæн балцы — нымайдзысты, куы расгуыхон, Уырызмæг мын
Ардагъуйы ми бакæндзæн, куы ницы мын бантыса, уæд мыл æга-
ды ном сæвæрдзæн æмæ тæлæтæй дæр æнæхай! Нæ, Сырдон Алæ-
гатимæ балымæн уа, уый мын фæндиаг нæу! Фæлæ йæ цы хуызы
рахицæн кæнон? Хивæнд у, стæй йæхиуыл бындз абадын нæ уа-
дзы, кæд фароны хиталæгау æдых у, уæддæр. Чи зоны йыл адæ-
мы куы фæхудын кæнин, Алæгаты куы схынджылæггаг кæнин,
уæд йæ хивæнд зæрдæ фæхауид, нæ бауромид уыцы фидистæ æмæ
рахицæн уаид уыцы фæндæй... Уæллæй, хуыздæр хъуыды Сата-
найы сæрмæ дæр не ’рцæудзæн.
Ноджы ма Уырызмæг æнхъæл уыди, Сырдон йæ кæстæр кæм у,
уым æм адæмы раз фæстæмæ сдзурын нæ бауæнддзæн, йæ дзырд
адæмы зæрдæмæ æнæмæнг фæцæудзæн, уымæн æмæ Уырызмæг йæ
фæсивæдæн рагæй фæстæмæ уый амоны сусæг-æргом: мах, Æхсæр-
тæггатæ, стæм нæртон адæмы равзаргæтæ, сæ тых, сæ ном æмæ сæ
фарн! Мах фарсмæ Алæгатæ æмæ Борæтæ рыг дæр нæ калынц. Уыдон
фæныкгуызтæ сты, зæхх къахынц, фосы фæдыл ралли-балли кæ-
нынц, хуыцæуттæм кувыныл тонынц сæ бонтæ. Æрмæст мах бæр-
зонд кæнæм фыдæлты кад, уыдон стыр ном! Æмæ нæртон бæстыл
цы ис, уый æппæт дæр мах у, — зæххæй, фосæй, адæмæй! Сæ хъахъ-
хъæнæг дæр мах æмæ сæ хицау дæр. Фаты бырынкъ æмæ цирхъы
комæй аразæм мах нæ цард, æмæ уыдоныл æрмхæст чи нæу, уый
махæй нæу, нæ дæлдæр у æмæ мах æмсæр никуы суыдзæни!
Зыдта Уырызмæг уый дæр, æмæ ацы зонд кæй ахъардта сæ
уæнгты, хорз сæм кæй кæсы йæ фæсивæдмæ, сæ хиуарзон, цыт-
57
уарзон, кадмондаг зæрдæ сын уыцы зондæй кæй ахъыдзы кæны
æмæ йæм уыйадыл ноджы хуыздæр цæстæй кæй кæсынц. Алæга-
тæй хынджылæг æнæмæнг кæй фæцæудзæн йæ гуыппырсар фæ-
сивæды зæрдæмæ, ууыл дызæрдыг нæ кодта. Æцæг, Сырдоны
æнæрцæф зыдта æмæ йæ зæрдæ чысыл тыхсти: мыййаг, фæстæмæ
куы срæтигъа истытæ?.. Кæд сдзура, уæд ноджы хуыздæр, æргом
æй бафхæрин уыцы æнæгъдаудзинады тыххæй æмæ йæ лымæн-
дзинадæн фæндаг нал уаид. Уый зоны Сырдон дæр æмæ йæ фæн-
дон цæмæй сæххæст уа, уый охыл ницы сдзурдзæн — мемæ быцæ-
уæй йæ фæндаг йæхæдæг æхгæны, æмæ ахæм ми нæ бакæндзæн...
Ахæм ныфсæй Уырызмæг йæ сусæг зарæг хъæрæй, барджын
æмæ худæнбылæй ранывæзта:
— Мæнæ хорз адæм, ме ’фсымæры къуындзих Сырдон-бæгъа-
тыр кæд æрымысыди ус курын, — бæгъатыры коймæ адæм бахуд-
тысты. — Алæгаты сидзæр чызджы кæмдæр тынг ныууарзта æмæ
мæ сæр уынгæджы фæци! Иуæй ирæд — бæстыдзаг фос, иннæмæй
чындзæхсæв — сымах хуызæн фæсивæды цы бафсаддзæн сыгъдæг
фыд æмæ хъæбæрфых æлутонæй! Мæ зæрдæйы царм та мын уый
алæгуын кодта, нæ мыггаг Алæгатæм кæй æрхауд! Амал нал и, уæд
дæлæ Борæтæй ракур иу цъæх хæрæг! — йæ бæзджын рихиты бы-
нæй урс дæндæгты уадздзаг фæзынд Уырызмæгæн, рихитæ фæй-
нæрдæм алыгъдысты, стæй та амбæрзтой уæллаг бæзджын былы
тула.
Ныхас ныммыр-мыр ласта, цыма йæм Уырызмæг, рæгъауы
уырсау, уасгæ бакодта.
Сырдоныл цыма фаджысы хох рафæлдæхт, уыйау фæци. Зæр-
дæ адымст, хъуыды андзыг, цыма йыл уæйыджы фат сæмбæлд
æмæ йæ æрдæгыл ахауын кодта, уыйау. Хорз уыд уæддæр, æмæ
ныхасы адæм дæргъвæтин мыр-мырæй сæхи хастой æмæ сæ Сыр-
дон нал æндæвта. Цалынмæ адæмы худын æрысыст, уæдмæ Сыр-
доны хъуыды æрчъицыдта æмæ рахатыд: Уырызмæг канд йæ лæп-
пуйы масты фæдыл нæ дзырдта, уый хъазæн дзырдтыл ма баст
уыди гуымиры хин — Сырдоны зæрдæйы фæндиаг басæттын!
Зæрдæйы рæхуыст æнцондæрæй баурæдтаид Сырдон. Нæ йæ
фæндыд, йæ зæрдæйы фæндиаг алкæй дзыхы радавинаг, хъазæн-
хъул, хиирхæфсæн суыдаид, уый. Фæлæ ма цы! Ныццитт-цитт æй
кодта Нарты уæздан хистæр æмæ Æхсæртæггаты гуыппырсартæ
пыррыччытæ систой Сырдоны фæндиагыл, йæ зæрдæйы сусæг-
дзинадыл... «Ауæй мæ кодта ацы боцъоджын цæу!.. Мæхи аххос у —
цæм;æ хаудтæн ардæм. Ныр Алæгаты хæдзармæ куы ныххæццæ
уа ацы кой, уæд цы зæгъдзысты, цы цæсгомæй ма сæм равдисдзы-
нæн мæхи?..»
58
Тыхсы, мæсты кæны Сырдон. Йæ маст цы хуызы райса, уый
нæ ахсы йæ зонд æмæ уыйадыл ноджы тынгдæр кæны йæ къæм-
дзæстыг, цыма дунейы худинаг уымæ æрхауд...
Адæмы худын куы фæлæууыд, æрмæст ма иуæй-иу худæг лæгты
пыррыччытæ, тæвд къæйыл хуылыдз нæмгуытау, схъиудтытæ куы
систой, уæд Сырдон фæхъуыды кодта: адæм худынц, уæд мæсты
кæнын сæ худæгæн цырвау фæуыдзæн. Мæсты кæныны бæсты
хъæлдзæгæй куы дарон мæхи, уæд тагьддæр ныууадздзысты се
’нæгъдау мыр-мыр...
Уынаффæ бæргæ хорз кодта Сырдон, фæлæ йæ зонд йæ зæр-
дæйыл нæ фæтых æмæ ноджы нымпылд, ныруади, йæ ком ныххус
æмæ дзурын нал фæрæзта, йæ цыргъ æвзаг цыма ныхъуыргæ акод-
та, уыйау. Сырдон дзырдмæ дзырд кæй не ссардта, фыццаг хатт
æй састы бынаты кæй уыдтой æвзаггæл Сырдоны, уыйадыл ныха-
сы адæм ноджы схъæлдзæг сты, цыдæр худæг сыл бафтыд. Кæ-
рæдзи хынцмæ æз-гуымирыдæр ныхасыл схæцыдысты Алæгаты
сылгоймæгты тыххæй.
Сырдоны æнæрцæф зæрдæ йæхи риуы къултыл фæхоста, йæ
сæры иу худæн дзырд, иу дæлгоммæ уайдзæф дæр нал аззад, æр-
мæст ма хатыд йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп æмæ йæ туджы дзæхст-
дзæхст къæмисæнты. Фестад Сырдон æмæ йе ’фхæрджытæм сæхи
гуымиры æвзагæй райдыдта дзурын. Фелгъыста йе ’рвадæлты,
сæнаккаг сæ кодта хистæрæй-кæстæрæй... Фыццаг хатт уыдтой
Нартæ сæ кæстæры ахæм хуызæнæй, ахæм æнæуагæй æмæ сæм
чысыл раздæр уый куыд нал фæрæзта дзурын, афтæ ныр уыдон
дæр ныджджих, ныггоби сты, æхсæвы обæуттау. Æмæ Сырдон йæ
зæрдæйы тыппыртæ суагъта æлгъитынæй.
— Цæуыл мыр-мыр кæнут, рæгъауы уырсытау?! — уый кæс-
тæртæм фехста йæ фат. — Науæд сымах, нæ уæздан хистæртæ,
цæуыл пыррыччытæ кæнут, хæмпæлы цæутау? — ралæууыд цъыч-
чытæ йæ хистæртыл Сырдон. Цы сахъ стут?! Цæмæй цауддæр сты
сымахæй Алæгатæ? Æви тыхгæнæг кæй нæ лекка кæнынц дуне-
йыл, уый у сæ азым, уый тыххæй сыл былысчъилтæ кæнут?!
Сырдон фæсабырдæр, йæ мæстыты сæр гуымир æмæ уæндо-
нæй кæй сфæрæзта дзурын, уыйадыл. Ныр, чи зоны, ныууагътаид
йæ загъд, ницыуал сдзырдтаид, ацыдаид тæргайæ, фæлæ бамбæрс-
та, нал бауыдзæн йæ бон ацы хиуарзон гуыппырсартимæ, никуы-
уал æрбацæудзæн сæ ныхасмæ æмæ йыл ноджы фæрайдзысты.
Иугæр афтæ у, уæд сын абон зæгъын хъæуы æппæт дæр. Æмæ та
райдыдта Сырдон йæ уайдзæфтæ, фæлæ ныр йæ зæрдæ фæсабыр-
дæр, йæ маст чысыл æрысыст æмæ йæ ныхасы райдиан фæлмæн-
дæр рауад, æцæг та йæ фæстагмæ скарз кодта:
59
— Цæй-ма, цæмæй хуыздæр сты уæ чызджытæ, хъал Æхсæр-
тæггатæ? Кæд, мыййаг, кусынмæ хуыздæр арæхсынц, кæнæ хæ-
дзары митæм? Йе ронг хуыздæр фыцынц, йе кæрц кæрдынмæ?
Æви зæрдæйæ уæздандæр сты, æви фидауцджындæр? Науæд сæм
уæлдай исты хорз миниуг ис? Æз сæм ахæмæй никуы ницы раха-
тыдтон... Мыййаг дзы кæд сымах исты зонут, уæд ма йæ раны-
майут, уæ хорзæхæй, хъусæг — мæнæ æз! Уый нæй, уæд та йæхæ-
дæг куыдз чи у, уый искæй куыдзæй ма тонæд!
Сырдон исдугмæ ахъавыд цæхгæр фæзилын æмæ ныхасæй
ацæуын, фæлæ йæ цыдæр хъуыды баурæдта, тæппуддзинад æм
фæкаст йæ ныхæсты фæстæ æвиппайды ацæуын, афтæ куы зæгъой:
фæтарсти æмæ лидзæг фæци... Нæ, мæ мæлæт дзы куы уа, уæддæр
нæ ацæудзынæн, цалынмæ сæ дзуаппы ныхас фехъусон, уæдмæ.
Уадз, ноджыдæр мæ бафхæрæнт, цæфтæ дæр мыл сæмбæлæд — чи
мæ цы ахæсса, уый йæхи, — фæлæ мын цæугæ нæма у...
Ахæм тызмæг ныхас ничи уыд æнхъæл Сырдонæй, хъæлдзæг
лæппу, мыггаджы кæстæр, куыд хъуамæ бафхæра æнæхъæн ны-
хасы адæмы, стæй уымæй дæр искæй сæрыл хæцгæ?.. Æмæ кæй
сæрыл?.. Алæгаты джидзæггæгты сæрыл! Æхсæртæггатимæ сæ
æмсæр кæны?! Диссаг! Æмæ цæмæ кæсы Уырызмæг та, цæуылнæ
атæры йæ къæбылайы!? Мах ардæм искæй къæбысы рæйынмæ
хъусæг, мыййаг, не ’рцыдыстæм.
Уырызмæг хатыд адæмы зæрдæйы равг, фæлæ йæхæдæг дæр
тынг фæджихау Сырдоны хъæбæр дзуапмæ æмæ ныр цы загъта-
ид, уый рæстмæ нæ ахста йæ зонд: æвиппайды йыл фæхъæр код-
таид æмæ ноджы куы фæфыддæр уа, лæппу рæдийын дæр зоны
æмæ цы бæрæг ис, цы сонт митæм фемæхсдзæн йæ мæстджын
зæрдæ? Кæй фæрæдыд, уый фæхатыд Уырызмæг, фæлæ йæ рæ-
дыдыл æргом басастаид, уый йæ сæрмæ не ’рхаста æмæ æрæджиау
фæтъæлланг кодта иттæг мæсты хуызæй:
— Лæппу, кæд ныхасы дæхи дарын нæма базыдтай, уæд дæм
хонæг ничи арвыста æмæ йæм цæугæ дæр ма кæн! Ам дæ сæнт-
дзæф ныхæстæм хъусынмæ, мыййаг, не ’рæмбырд стæм! Цæугæ,
тагъд! — фæныфсджындæр йæ хъæлæсы зæллангмæ Уырызмæг
æмæ барджындæрæй бавдæлд мæгуыр Сырдонмæ. — Далæ дын
уыцы хорз æмæ разагъта цы Алæгатæ басгуыхтысты, уыдонмæ
ныффардæг у! Уыдон, æнхъæл дæн, дæхи хуызæн сты æмæ уыдо-
нимæ цæр! Кæд дæ фæнды, мидæгмоймæ сæм бацу æмæ уым лæуу!
Уæддæр махæй нæ дæ æмæ нæ ма худинаг кæн!..
Уырызмæгæн йæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты йæ ныхæстæ.
Æхсæртæггатæ дæр дзы разыйæ кæй баззадысты, уый дæр уыдта
се змæлд, сæ хуыфтытæй, стæй сæ пыррыччытæй «мидæгмойы»
60
коймæ. Æмæ Уырызмæг æнхъæлдта, ницыуал æм суæнддзæн
Сырдон, ныхъхъус уыдзæн кæнæ йæхи айсдзæн ныхасæй цъыф-
хостæй, фæлæ хабар афтæ нæ рауад æмæ уый бамæстджын кодта
нæртон Уырызмæджы. Нæ айста, нæ баурæдта уытæппæт æфхæ-
рæн ныхæстæ Сырдоны æвзонг зæрдæ, фæтых йæ уды сæрыстыр
йæ нымайаг зондыл æмæ, лæппын бирæгъау, фæкъæпп кодта йæ
хистæр æфсымæрмæ:
— Ме ’фсымæр, атæппæт æфхæрд æз иууылдæр дæуæй æн-
хъæл дæн. Зонын, барæй кæй бакодтай ацы хабар, уый дæр: ба-
фæндыд дæ мæн фаджысы стулын... Бузныг дæ дæн! Фæлæ афтæ
дзæгъæлы æнхъæлыс, иугæр хистæр дæ, уæд дын ис мæ зæрдæ-
йыл чъизи къæхтæй кафыны бар... Цæй тыххæй дын хъуамæ уа
ахæм бар? Ссæдз азы дын хъусын дæ ныхасмæ, фæлæ дзы иу
зæрдыл бадаринаг зондджын дзырд никуы рахатыдтæн.
Никуы дæ федтон искæмæн йæ тыхсты йе зондджын уынаф-
фæйæ, йе армы авæринагæй æххуысгæнгæ... Æмæ уæдæ буц цæ-
мæй дæ? Науæд алкæмæн дæхи уынаффæгæнæг, зæндтæ амонæг
цы ныфсæй скодтай? Æви афтæ нымайыс, Нартæ уыйбæрц æды-
лы сты æмæ дын дæ зонды æгуыдзæг ничи рахатдзæн? Дзæгъæ-
лы, мæ хорз æфсымæр, — ныр йæ маст æрбадт Сырдонæн, йе
’хсидынæй банцад, кæд йæ тæвд, йæ судзаг раздæрау арыдта,
уæддæр æмæ хиуылхæцгæ нымадта йæ уайдзæфтæ. — Кæд се ’ппæт
дæр бакуырм сты нæртон адæм, уæддæр ма дзы æз иунæгæй дæн,
дæ сæры тенкайы бын цы ис, уый бæлвырдæй чи зоны, ахæм.
Хъæддаг хуыйау, хъамылы кæй ссарай, ууыл ауæрдын дæ туджы
кæй нæй, тызмæгæй йæм кæй фæлæбурыс, уый дæр зонын. Гъе,
æмæ курæг дæн, мæ хорз æфсымæр, мæн абонæй фæстæмæ ныу-
уадз дæ уынаффæтæй! Фæлтау сæ дæлæ сыхы сабитæн кæн, уыдон
дæм, чи зоны, байхъусой.
— Фесæф, хæрæг!.. — ныр æцæг смæсты Уырызмæг æмæ зæр-
диагæй ныррыхыд, цыма йæ разы йæ мадызæнæг нæ, фæлæ йæ
туджджын знаг уыди, уыйау. Уый куы фæхатыд Сырдон, уæд йæ
маст ссыди — ома ды дæр смæсты дæ, мæ лымæн лæг! — æмæ та
йæ зонд йæ раздæры дзырдарæхстыл фæхæст.
— Хатыр бакæн, Нæртон Уырызмæг, нæ мадæн лæбурæг кæй
нæ рацыдтæн, æмæ дын афтæмæй дæ сæры магъзы хабар бæстон
кæй зонын, уый мын ныггæдзæ кæн. Цы кæнон, мæ аххос дæр
нæу, — йæхи бынтон ауагъта, кæлæхы галау, Сырдон, — мæ гуыр-
дзæй рахастон ацы курдиат: алкæмæн дæр йæ сæры къоппы цы
ис, уый бæлвырд зонын. Цæй, хæрзæхсæв раут уе ’ппæт дæр!
Сырдон йæ уæлæфтауы йæхи æрбатыхта, — æрдæгæхсæвмæ
æввахс æмæ ныр йæ тæвд куы ’рысыст, уæд æм бахъардта уалдзы-
61
гон æхсæвы уазал. Цалдæр къахдзæфы акодта Сырдон æмæ хъуа-
мæ мацыуал сдзырдтаид, фæлæ та йæ зæрдæ ныррызти, цы стыр
æфхæрд ыл сæмбæлд, уымæй æмæ ахъуыды кодта: Уырызмæгæн
хорз смаст кодтон, фæлæ иннæтæ хъуамæ афтæмæй баззайой, фы-
рæфсæстæй йыл йæхи худæгæй чи схаста, уыдон? Нæ, Уырызмæ-
гæн дæр ма йæ мастыл цæхх айзæрын хъæуы æмæ стæй уыдон —
сæхицæн, æз — мæхицæн, мыггагмæ сæ æрмист уыдзынæн...
— О, хæдæгай, хатыр бакæн, нæртон Уырызмæг, ды Æхсæр-
тæггаты бодз кæм дæ, уым ма дын иу ныхас хъуамæ баулæфон дæ
зæрдæмæ. Цæмæй дæ маст фæлæууа... Æцæг мæ дæхицæй нæ
хоныс, фæлæ иу мады гуыбынæй кæм рацыдыстæм, уым дын
æфсымæр баххæссын, æмæ... дæхæдæг куы радзырдтай нæ мыг-
гаджы гуыппырсартæн: де ’фсымæр Сырдон хæрæг у, зæгъгæ! Æмæ
мæм диссаг фæкаст, ды куыд сыгъдæг разындтæ уыцы миниуджы-
тæй, æви мады гуыбыны дæр хъулæттæ вæййы, æмæ хæрæг иунæг
æз рантыстæн нæ дзæнæты бадинагмадæн? Чи зоны, цы нæ вæййы...
Фæлæ иугæр иу мадызæнæг стæм, уæд дæм мæ худинагæй хауы
æмæ мын ныххатыр кæн, ме ’фсымæр, нæ зонды къуыбар!.. Ныр
дæм никуыуал æрхаудзæн мæ номыл худинаг, мауал тæрс!
Æз цæуын, кæдæм мын ацамыдтай, уырдæм — Алæгатæм ми-
дæгмоймæ! Кæд нæ фесæфин æмæ уæм кæд зондагур дæр, царда-
гур дæр никуы æрхауин.
Хорзæй баззайут сымах дæр, нæ кадджын Æхсæртæггатæ! Æз
абонæй фæстæмæ сымахыл нал нымайын мæхи! Мæнæн æфсы-
мæр дæр нæй æмæ æрвадæлтæ дæр! Хæрзæхсæв раут!..
Сырдон та рамæсты ногæй, стæй йæ зæрдæ бауынгæг, йæхи
цыдæр æнамондæй æмæ иунæгæй ауыдта æвиппайды. Тарст, уыцы
равг ыл куы фæтых уа, æмæ йæхи фехста йæ бынатæй, лидзæгау
акодта. Æхсæртæггаты ныхасæй мæйы дыдзы рухсмæ æмæ уай-
тагъд аныгъуылд бæзджын фæлмы. Уырызмæг йæ фæстæ кæс-
гæйæ баззад æмæ йæм иуцъусдуг Сырдон зынди мæйы тынтæй
уæфт æндæргау, стæй бынтондæр нал зынди æмæ уæд Уырызмæг
сфæрæзта æнæбары:
— Рувасы лæппын, хингæнæг цыдæр!..
Ницыгар æлгъыст схауд Уырызмæгæй, фæлæ йæм мæйы бæз-
джын урс тынты Сырдон æцæгдæр урс рувасы хуызæн фæзынд
æмæ йæ уымæн афтæ схуыдта.
Ныхасы адæмæй ничи схудт йæ фидисыл: мæстджын уыдыс-
ты, ничи сæ фæцарæхст, нæ фæнадтой уыцы налат кæстæры! Фæлæ
мацы, уыдон Уырызмæгмæ æнхъæлмæ кастысты æмæ уый дæр
ницы хъару равдыста, уæртæ цъыфхостæй ныггуыбыр, йæ кæрцы
мидæг уырыхсны кæны, нал ныхасы бадынæй у, нал ацæуынæй...
62
7
Сырдон лвдзæгау кæны йæ хæдзармæ. Æниу ын цæй хæдзар
ис?.. Уырызмæг æмæ Хæмыцимæ рагæй дæр хъæрмуд нæ уыди,
æмæ æхсæры уистæй йæхицæн хъæуæй дзæвгар æддæдæр, хъæд-
рæбын, иу къæс сбыдта, къултæ байсæрста æлыгæй æмæ дзы æр-
цард. Диссаг уыди Сырдоны къæс: бакæс æм, уæд фысдзармæй
худы хуызæн — цъупп! Йæ цар дæр ын кæд сбыдта уисæй: лæджы
сæры тенкайау, — цъупп æмæ æддейæ-мидæгæй æлыгæй бæзджын
сæрст. Сырдонæн йæ хъуыдыйы уыди, — афтæ куынæ уа, уæд иу
бон арты тæфмæ хæрисы уистæ асудздзысты æмæ та æгъæдзарæй
баззайдзæн. Бæрзонд хæдзар, сывылдз уæлæндгуытæ уымæн йæ
бон нæу саразын, уистæй цар та арты тæвд, астæуарты пиллон нæ
бауромдзæн. Æмæ раст рауад йæ фæнд: æлыг цъар хус кодта арты
хъарммæ æмæ бонæй-бон сырхдæр æмæ дурвидардæр цы сгуых-
ти, æндæр æм судзыны æмæ згъæлыны фæнд нæ уыди. Сыгъдæг
æлыгæй цар ныллæг артмæ дзæбæх бахсыст æмæ Сырдон йæ къæ-
сы æнæмастæй царди ныр цалдæр азы.
Ницы уыд Сырдонæн йæ хæдзары, хуымæтæджы хъæдын ми-
гæнæнтæ — къустæ, уидгуытæ, иу æрхуы аг, хъæдын нуазæнтæ —
уыдон дæр дардта, кæд æм æлутон никуы уыд, уæддæр. Уыдис
йæ къонайы сæрмæ рæхыс, рæхысы къæдзыл — аг, рагъæныл —
æфсæйнаг фыдис, йæ фарсмæ цалдæр карды, къуымы — цирхъ
æмæ æрдын, сæ фарсмæ — фатдон, нæртон фаттæй тыхнад. Æцæг
сæ стæры никуы хаста йемæ, фæлæ-иу куы сфæлмæцыд иунæгæй
бадынæй, уæд-иу афардæг быдырмæ æмæ-иу уым милмæ æхсы-
нæй йæхи ирхæфста. Æхсынмæ тынг дæсны кæй уыд Сырдон,
уый æцæг йæ мыггагæй ничи зыдта, уымæн æмæ сæ иумæйаг хъæз-
тыты, милмæ æхсынты уый никуы бацыд: æцæг-иу лæууыд сæ
цуры, йæ къухтæ йæ синтыл сæвæргæйæ, æмæ-иу каст гуыппыр-
сарты æхстытæм. Кастис-иу æмæ-иу хинæйдзаг худт кодта йæ мид-
былты се ’ппæтыл дæр — рæстдзæвинтыл дæр æмæ-иу, йæ фат
милмæ æввахс кæмæн нæ цыд, уыдоныл дæр. Сæ цæстытæ йæм
мæсты дзагъултæ кодтой рæстдзæвинтæ, ома цæуыл худы ацы сыла-
нæла, йæ фатæй тæрхъус дæр чи никуы фæцæф кодта, уый! Тудж-
джыны цæстæй-иу æм ракастысты æнæнтыстытæ; ай йæхæдæг куы
ницы у, æрдынбос айтынг кæнын дæр йæ бон куынæ у, уæд ныл
цы былысчъилтæ кæны?! Хæрæг цыдæр!.. Фæлæ йæм æргом сæ
иу дæр ницы дзырдта æмæ сæм йæхæдæг дæр не ’взыста, æрмæст
худти йæ мидбылты, йæ тæнæг рихиты бын æмбæхсти хин худт,
рувас фæззыгон тæнæг цъæнуты куыд æмбæхса, уыйау.
Ницы уыд Сырдоны хæдзары фосæй дæр. Æцæг ын Борæты
63
Бурæфæрныг йе стыр дзугтæй дыууæ далысы æмæ иу фыркъа
балæвар кодта, иу хатт ын йæ бирæгъы хæст фыстæн сойсыгъдæй
хоскæнын кæй бацамыдта, уый бузнæй. Фæлæ сæм Сырдон йæ
хъус нæ дардта æмæ йын цалдæр æхсæвы æддæ куы баззадысты,
уæд сæ йæ хæрзгæнæгмæ фæстæмæ бахуын кодта: уадз æмæ дæ
фыстимæ хизой, науæд сæ искуы бирæгътæ бахсындзысты æмæ
сæ нæ дыууæ дæр афтид абаддзыстæм.
Цыппæркъахыгæй Сырдонмæ цы уыд, уый йæ къæбыла. Кæм-
дæр æй хъæды æрдузы ссардта куырм къæбысæй æмæ йæ йæ роны
æрхаста хæдзармæ. Зылди йæм, рæвдыдта йæ æмæ уый дæр йæ
фæдыл згъорын сахуыр. Куы байрæзт, афæдзы бæрц ыл куы ацыд,
уæд æй йемæ арæх нал кодта, хæдзаргæс-иу æй ныууагъта æмæ
Фатакуй кæддæриддæр хæдзары раз æнхъæлмæ каст йæ хицау-
мæ. Æрмæст-иу æй куы суыдта дардмæ, уæд-иу, йæ пух дымæг
тилгæ, азгъордта йæ размæ. Бирæ уарзтой кæрæдзи Фатакуй æмæ
Сырдон. Йæ дзæбæх зæрдыл-иу куы уыд Сырдон, уæд-иу æй сис-
та йæ хъæбысмæ, куы байрæзт, уæддæр æмæ йæ хаста йæ хъæбы-
сы, сывæллонау, суанг къæсæры уонг. Фæндагыл-иу ын дзырдта
йæ хабæрттæ, æууæнчы лæгау, сæрæй-кæронмæ, кодта-иу ын йæ
хъæстытæ, кæнæ-иу нымадта йæ цинаг цаутæ.
Ныр Сырдон лидзæгау кæны йæ хæдзармæ, йæ уисхъæд къæс-
мæ, цыма уый йæ фидар у æмæ дзы карз фыдгулæй æмбæхсынмæ
хъавы. Тындзы Сырдон, не ’взары йæ развæндаг къуыппæй-дзыхъ-
хъæй. Не ’взары барæй мыййаг нæ, фæлæ уынгæ ницы кæны, кæд
йæ сæр гуыбыр у, йæ уæнтæ хъил, цыма зæххыл исты фенын
æнхъæл у, уыйау, уæддæр. Ницы уыны, уымæн æмæ йæ цæстытæ
донæй едзаг сты. Цæссыгтæ даргъ цæсты хаутыл æрцауындзæг
вæййынц ставд æртæхтæй, стæй уæззау æрхауынц уæлтъыфалты
бынмæ æмæ дарддæр фæд кæнынц тæнхъуын уадултыл. Сырдон
ницы хаты, нæдæр йæ цæссыгтæ сæрфы, йæ хъуыды аныгъуылд
масты хъæпæны æмæ уым йæ гæндзæхтæ цæгъды, зæрдæ цæуыл
фæлæууа, ахæмæй ницы ары...
Куыдзы сырд мæ ракодтой, цыма æцæг уыдонæй нæ дæн, цыма
нæ иу мад нæ ныййардта... Кæд уыдон цы фæнда, уый кæнай, уæд
дыл æввæрсынц, уæд сæм нымады дæ. Уый нæй, уæд ницы дæ,
уæд маринаг æмæ суринаг, уæд хæларæн дæр нæ бæззыс æмæ зна-
гæн дæр. Æцæг куыйтæ куы сты æмæ сæ æз адæм куы ’нхъæлдтон!
Сырдон мæлдзыджы губаккыл йæ къах скъуырдта æмæ асæр-
бихъуырæйттæ кодта. Фæрыст йæ уæхск, цæуылдæр ныццавта йæ
бæрзæй, фæлæ йæ тæвдæй фестад, мæлдзыджыты губакк цалдæр
хатты ныццæфтæ кодта йæ къахæй, æмæ нал баурæдта йæ кæуын,
чысыл сабийау ныббогъ-богъ кодта.
64
Æвиппайды йæ сæры фæзынд къæмдзæстыджы хъуыды, худи-
наг у усгур лæппуйæн, сывæллонау, кæуын, æмæ фефсæрмы, уæд
та ма мæ исчи федта! Æмæ йæ цыма, æцæгдæр, исчи федта, уыйау
мæймæ иу каст фæкодта, уайдзæф æмæ хæрамы каст, стæй йын
фидисмæ фæци: «Цæй, ды дæр, зæронд уасæджы сыдзау, дæхи
ныббыдитт кæн!..» Йæ цæссыгтæ аныхъуырдта, йæ уадултыл йæ
армытъæпæнтæ æруагъта æмæ дарддæр араст Сырдон, ныр йæ маст
чысыл фæсабырдæр, йæхицæн уыйбæрц нал тæригъæд кодта, тæ-
ригьæддаг уыдон сæхæдæг куы сты, гуымыдза æмæ тугæвдылд адæм,
фæлæ та йæ къах кæрдæджы уымæл гуцъулайыл, фароны хæрæг-
дымы гуцъулайыл фæбырыд æмæ та лæппу ацух-мухтæ кодта, стæй
йæхи зæхмæ æруагъта: æвæццæгæн мæ зæхх йæхимæ ласы æмæ цы
тагъд кæнон нæхимæ дæр, чи мæм æнхъæлмæ кæсы...
Сырдонмæ æдзух чи ’нхъæлмæ каст, уый уыди Фатакуй æмæ
йæ фæдыл цыд, уайтагъддæр йæ уæлхъус балæууыд, йæ уæгъ-
дæппæрст рахиз къухы армытъæпæн ын асдæрдта æмæ цины лыс-
тæг хъыс-хъыс сирвæзт йæ комæй.
Сырдон æвиппайды фæбадæг æмæ Фатакуйы йæ хъæбысы
æрбакодта:
— Æтт, Урсдзых, хорз та мæ куы ссардтай ацы уынгæджы... —
Фатакуйæн йæ бырынкъ цæстытæй суанг мукъутæм урс-урсид уыд,
цыма йæ æхсыры сæрты фæтъыста æмæ йыл урс цъар нындæгъди,
уыйау. Æмæ йæ Сырдон фырбуцæн Урсдзых хуыдта. Ныр ын
тынг æхсызгон уыд, йæ фарсмæ кæй балæууыди, науæд йæхимæ
хъæды халонæй иунæгдæр æркаст æмæ йæ зæрдæ ууыл уынгæг
кодта. Ныр иугæр Фатакуй йæ цуры ис, уæд иунæг нал у, уæд ын
ницыуалхъом сты æнæхъæн Æхсæртæггатæ дæр — куыдзы номæй
сæм бадзырдта æмæ сыл уыцы ном, фосы дамгъæйау, баззайдзæн!
Цыма йæ маст бынтондæр ссыди, цыма Уырызмæгимæ хылы,
Æхсæртæггатимæ быцæуы уæлахиз фæци, уыйау йæ хинæйдзаг
мидбылхудт ахъазыд рихиты бын, йæ мæсты æмæ æрхæндæг цæс-
тытæ фæхъæлдзæгдæр сты, йæ куыдзы æфсæрмæ йæ рус нылхъыв-
та æмæ афтæмæй касти урс мигъвæлмы сæрты Уазайы хохмæ...
Мæнæ йæ мæгуыр къæс Нарты Уæллаг хъæуæй бирæ дæрддзæф,
Арпаданы цæугæдонмæ æввахс. Йæ дæлейæ — Астæуккаг Нарт —
Борæты хъæу, уый уæлейæ та —Алæгатæ, Дæллаг хъæу, хохы
дæлвæдджи бабукъ, йæ дæлейæ та сæ хуымтæ, сæ фосхизæн бы-
дыртæ. Исчи дардæй куы ’рбакæсид Уазайы хохмæ, уæд æнæфæ-
хатгæ нæ фæуид: ам алчидæр цæры куыдтыхджындæрæй, ома
тыхджынтæ уæлейæ, æдыхдæртæ — сæ быны... Æцæг, æцæг...
Айразмæ дард ацыд Алæгатæ æмæ Борæты фосхизæнты æмæ уым
иу обауы сæрæй касти Уазайы хохмæ. Обауæй хохы ’хсæн быды-
5 Сырлоны иæссыгтæ
65
ры хызтысты хъомтæ æмæ лыстæг фос. Чысыл уæлдæр, хохы
тæккæ рæбын, мæлдзыджыты губаччытау, кæрæдзимæ æввахс
батыгуыр сты Алæгаты хæдзæрттæ, Дæллаг Нарт. Сæ уæлейæ,
хохы уæрагыл уæрæх айвæзта йæ фæдджитæ Астæуккаг Нарт,
Борæты хъæу. Уымæй уæлдæр та — хохæн йæ бичъы цур ноджы
фæтæндæр хъæу — Уæллаг Нарт, Æхсæртæггатæ, нæ тыхджын-
дæртæ!.. Æрмæст стæры цæуынæй, искæй хардзæй чи цæры... Иу-
дзырдæй, — гуыппырсартæ!.. Сæ бон ныччифæнт!..
Фæлæ дзы ис уыдонæй тыхджындæртæ дæр! Уалæ Уазайы
цъупмæ æввахс мигъвæлм, урс тинтычъи худау, зиллакк кæм са-
рæзта, уым цæрынц зæдтæ æмæ дауджытæ, сæхи урс мигъы къуы-
бæртты баныуæрстой, зæххон лæджы цæстæй сын хай куыднæ
уа!.. Уыдон тыхджындæр сты Нарты гуыппырсартæй, Алæгатæ
æмæ сын Борæтæ та кувгæ кæнынц, цæлы фынгтыл сæ дарынц
æмæ сыл уый тыххæй уыдон дæр аудынц.
Æцæг, уыдон дæр не сты æппæты тыхджындæр. Æппæты тых-
джындæр у Хуыцау! Æмæ дзы алчидæр тæрсы, йæхи дзы хизы,
кувы йын, цæмæй йæ азарæй ирвæзт æмæ хызт уа!.. Уый дын йæ
хорздзинад! Уазайы хохыл нынныхæстысты, фосы джыбытау, æмæ
йын йæ туг нуазынц, стæй та сæ кæрæдзи туг, чи кæуыл тых у,
уый зæрдæйы туг...
Диссаг не сты æмæ ноджы худæг!.. Циу Уазайы хох дæр —
раст егъау фаджысы рагъау нытътъæпæн, стæй кæд у фæлтæргай
амад... Фыццаг фæлтæрыл — Алæгатæ, уыдон уæле — иннæтæ,
алчидæр ног фæлтæрыл æмæ се ’ппæты уæлейæ та, фаджысы цъуп-
пыл —Хуыцауы галуан!.. Уалæ йæ сæрмæ та цæлхыдзаг мæй —
хуыйы бырынкъау, урс æмæ уазал. Рухс дæр ма куы кæнид рæст-
мæ, рухсы хуызæн, фæлæ Сайнæджы хуындау. Йæ фынгæй ра-
цæудзынæ æмæ нæ æфсæст дæ, нæ æххормаг!..
Сырдон хъæрæй ныххудт йæхи цæстуынæнтыл æмæ йæ маст
æрысыст: райста йе ’фхæрд се ’ппæтæй дæр, æппæты тыхджын-
дæртæй иумæ, йæ зæрдæйы фаг сыл фæхудти.
Сырдон æлгъитаг æмæ фидисгæнаг нæ уыд, фæлæ ныр йæ
мæстæй йæ зæрдыл æфтыдысты, йæ мыггаджы лæгтæй цы фидис-
тæ хъуыста чысылæй нырмæ, уыдон. Йæхи уды номыл ма сæм
æфтауæнтæ кодта, къуыппæй-дзыхъхъæй нал æвзæрста, лыстæ-
джытæ нал лыуæрста, дзырдтæ гуымирæй-уæзданæй арвистон сис-
та. Фæлæ йæ маст куыд цыди, афтæ йæм гуымир ныхæстæ хорз
нал кастысты æмæ йæхимæ дæр рамæсты. «Ту, мæ куыдз уын
бахæрæд уæ кæрдзын!» — загъта хъæрæй Сырдон æмæ, йæ куыдз
йæ дæларм кæй уыд, уый йæ зæрдыл æрбалæууыд.
— Нæ, Урсдзых, — фефсæрмы Сырдон, — ды ахæм кæрдзыны
66
аккаг нæ дæ... Кæд уыйбæрц стыхсай, зæххыл хуыздæр хæринаг
нал арай, уæд-иу фæлтау мæнæ мæ агъды фыдтæй сыскъуын æмæ
де стонг суадз. Афтæ хуыздæр уыдзæн!..
Ног та йæ маст йæ зæрдæмæ бырсын райдыдта Сырдонæн,
фæлæ ныр уыцы маст зæрдæйы рæбынæй ссыд æмæ ныццахсти
хъуыдыйы. Бирæ хъуыдиаг уыди Сырдонæн йæ абоны хыл, йæ
ралыгъд Æхсæртæггатæй. Ралидзын æнцон уыд, фæлæ ныр иунæ-
гæй æнустæм куыд цæрдзæн, ууыл хъуыды кæнынмæ куы рахыз-
ти, уæд бынтон нырхæндæг йæ зæрдæ. Зын у иунæгæй цæрын
дунейы.. Уадз æмæ раст ды у, дуне та — зылын, уымæй дæр дæ
зæрдæйы æмæ дæ уавæры уынгæгдзинад нæ фæкъаддæр уыдзæн.
Зыдта уый Сырдон, æмæ йæ зæрдæ ныууæззау, ныммæгуыр, фæлæ
йæ ныртæккæ нал фæндыд йæ зæрдæ къахын — бафæллад æлгъи-
тынæй, фидистæ кæнынæй, маст уромынæй æмæ йæ раргом кæ-
нынæй дæр, бафæллад йæ уд дæр æмæ йæ хъуыды дæр, бындзыты
хостау, дыз-дыз кодта йæ буар æмæ бирæ фæбадт æнкъардæй, æнæ-
дзургæйæ, стæй уæззаугай сыстад, зæронд лæгау, йæ фæсмын
уæлæфтау йæ галиу уæхскыл баппæрста æмæ фæсидт йæ куыдзмæ:
— Цом, Урсдзых, цом нæ мæгуыр къæсмæ æмæ стæй бон цæуы
æмæ фарн йемæ хæссы... Кæд нæ фесæфиккам мах дæр.
Мæй Уазайы хохы уæхскыл æрынцад, афтæ Сырдон æмæ йæ
Урсдзых дæр сæ къæсмæ бахæццæ сты. Сырдон хæрисы ногдзыд
къалиутæй быд уатыл йæ уæлæфтау баппæрста æмæ ныххуыссыд.
Фатакуй дæр йæ разы сыджытдзарыл стымбылтæ æмæ дыдзы
фынæй аци. Дуар гомæй баззад.
8
Уырызмæг тыфылтæ калгæ бацыд йæ хæдзармæ. Бандоныл
уæззау æруагъта йæхи æмæ арф ныуулæфыди. Сатана йæм лæм-
бынæг каст, æмæ, цæуылдæр мæстджын кæй у, уый бамбæрста,
фæлæ йæ фæрсынмæ нæ хъавыд, — кæд йæхæдæг радзурид ха-
бар. Æмæ, æцæгдæр, нал фæлæууыд Уырызмæг, æнхъæл уыд,
кæд ма Сатанайы зонд исты амал ссара, кæннæуæд фегад йæ сæр,
Сырдон рахъæр кæндзæн Ардагъуйы хабар. Тагъд кæнын хъæуы,
райсоммæ куы ницы æрымыса, уæд сæфт дыууæ сæфты...
— Æфсин, хъуыддаг хорз нæу, ныхасы фæдзурыныл дæн нæ
бонвыддæримæ æмæ Ардагъуйы цæстыты хабар куы рахъæр кæна,
уымæй тас у...
— Уæд цæуыл фæхъæлæба стут, афтæ дын куы загътон, æр-
лæгъз æм кæн дæхи? Æви та схъæл ныхæстыл схæцыдтæ? — тæр-
гайау бакодта Сатана.
67
— Цæй схъæл ныхæстæ, æз дæр ууыл архайдтон, цæмæй Алæга-
тимæ ма сæмдзæхдон уа æмæ сын мацы зæгъа, фæлæ уый стæвд
æмæ нæ æнæхъæн мыггагæй сæнаккаг кодта, стæй тæргайæ алыгъд.
Ныр нал бацауарддзæн ницæуыл æмæ ма цы чындæуа, нæ зонын...
— Алæгаты æфхæрдтай, æвæццæгæн? — сабыр бафарста Сатана.
— Æфхæргæ та, фæлæ... — йæ зæрды басæттын нæ уыд Уырыз-
мæгæн, фæлæ зыдта Сатанайы зонд æмæ нæ бауæндыд. — Цы
сты, уый сæ загътон...
— Гъе, æмæ цы дæ хъуыддаг у, нæ лæг, искæй кой кæнын?
Науæд æй нæ зыдтай, Сырдон Алæгаты чызджы курынмæ кæй
хъавы? Цал хатты дын æй загътон?
— Зыдтон æй æмæ æз дæр уымæн дзырдтон: ус фæлдахæг у
æмæ йæ куы ракура, уæд ын исты куы срæдиа, уый уыди мæ
хъуыдыйы...
— Дæ хъуыдыйы исты куы уаид, нæ лæг, уæд хъуамæ зонис,
лæг кæй уарза, уый йæм æвзæрæй дæр хорз кæсы æмæ йын æй
хъуамæ ма ’фхæрай, уый дæр адæмы раз... Цæй, ныр ма цы сара-
зон, лæгъстæ кæнынмæ йæм бацæуон? Æмæ мыл баууæнддзæн?
— Дæуыл, чи зоны, баууæнда... — дзуры Уырызмæг, кæд æй
тынг нæ уырны, уæддæр. — Бацу йæм, йæ хо дæ, йе знаг, мыййаг,
нæ дæ. Уæд та йын зæгъ: тæккæ хуыцауæхсæв сæм мæхæдæг ба-
цæудзынæн хатæг, æрмæст йæ дзыхыл хæцæд, ма нæ ныттудж-
джынтæ кæнæд, науæд йæхицæн дæр хуыздæр нæ уыдзæн: йæ
туджджынæн йæ чызджы ничи дæтты.
— Гъе, уыцы хъуыды дæм афоныл куы ’рцыдаид, уæд ын йæ
зæрдæ ссардтаис æмæ дæ масты сæр дæр нал хъуыдаид. Ныр та...
Сырдон, æнхъæлыс, нæ базондзæн, уый йын тæсмæ кæй лæгъстæ
кæнæм? Хъуыды хъæуы, хъуыды, нæ лæг, сæр Хуыцау æрмæст
згъæр худ хæссынæн нæ радта.
— Гъе, æмæ ды хъуыды кæн уыцы зондджынæй! — смæсты та
Уырызмæг.
— Цæуыл загъд кæнут, цæ, иу гæбæр къудийы тыххæй? —
фæбадæг йæ уаты Сослан, фынæй æнхъæл ын уыдысты, уый та
сæм уæдæй нырмæ хъусгæ кодта.
— Ныххуысс дын зæгъын! — йæ маст ныккалдта Сосланыл
Уырызмæг. —Ралæг мын ис! Зæндтæ мын амоны!..
— Зæндтæ нæ амонын, фæлæ æз ныртæккæ ныццæудзынæн
уыцы сыстхæрдмæ æмæ йæ йæ халагъуды ныргæвддзынæн. Æмæ
фæци! Мæ мад алы куыйтæм хатæг нæ цæудзæни! — Уатæй рали-
уырдта Сослан æмæ йæ дзаумæттæ кæныныл фæци.
— Схуысс, дæ нывонд фæуа дæ мад, æмæ къæбæда ныхæстæ
ма кæн. Нырма дæ мад удæгас у æмæ цы аразын хъæуы, уый
68
дæуæй хуыздæр зоны... Цу дæ уатмæ æмæ дзæгъæлы схъиудтытæ
ма кæн, — цæхгæр алыг кодта Сатана æмæ Сослан хъуырхъуыр-
гæнгæ фæстæмæ баздæхт йæ уатмæ: мадмæ фæстæмæ дзурæн нæй!
— Ныххуысс ды дæр, нæ лæг. Бон цæуы æмæ фарн йемæ хæс-
сы. Райсом исты æрхъуыды кæндзынæн. Сырдон ахæм нæу æмæ
æмæхсæвæджы Ардагъумæ фæдисы чи ауайа: ме ’фсымæр дын дæ
цæстытæ скъахта, зæгъгæ...
Уырызмæг ницыуал сдзырдта, Сатанайы зондыл æууæндыд æмæ
йæ ныфс уыди, æнæмæнг исты сараздзæн, фыдбылыз не ’руадз-
дзæн Æхсæртæггатæм.
9
Сырдон фырфæлладæй фыццаг тæркфынæй аци, фæлæ боны
’рдæм куы фæуазал, уæд райхъал æмæ та йæ изæры маст йæ зæр-
дыл æрлæууыд. Хорз сын фæдæн, — Уырызмæгæн дæр æмæ нæ
мыггагæн дæр! — хъуыды кодта Сырдон, фæлæ дарддæр цы чын-
дæуа: куыд цæра адæмимæ? Чысылæй фæстæмæ зоны йæ мыгга-
джы стырæй-чысылæй. Саби ма куы уыди, уæд ын фыццаг бауай-
дзæф кодтой: ды махæй нæ дæ, нæ мад дæ æндæр кæмæйдæр
ныййардта æмæ уыдон туг рахастай!.. Цæй туг у, ницы йын зыдта
Сырдон, фæлæ бамбæрста, — адон нырма сабитæ куы сты — йæ хъаз-
ты ’мбæлттæ æмæ йæ сæхицæй куы нæ хонынц, цыма уый цауддæр
у, ахæм цæстæй йæм куы кæсынц, уæд куы байрæзой, уæд ын цы ми
кæндзысты? Уæлæмæ скæсын æй никуы суадздзысты. Уый йæ мыг-
гагæн кæддæриддæр уыдзæни æрхæссæггаг!.. Ацы хабар Сырдон
бамбæрста, йæ тæккæ сабийыл ма куы уыди, уæд, иу-дæсаздзыдæй.
Æмæ уæдæй фæстæмæ уыди йæ зæрдæйы, æнусон хъæдгомау, уыцы
рагбонты фидис: ды махæй нæ дæ, æрхæссæггаг дæ!
Ницы зыдта йæ сæрæн, циу уыцы фидис, кæцæй рацыди, цæ-
мæн ын æй йæ цæстмæ дарынц, æмæ бафарста Уырызмæджы.
Уый фыццаг бахудти, æмæ йæ Сырдон афтæ бамбæрста, ома, ха-
бар æцæг у, фæлæ дын æй чи срæдыди, куынæ йæ зыдтаис, уæд
хуыздæр уыдаид... Æмæ асасти Сырдоны саби-зæрдæ: æз, æвæц-
цæгæн, æцæг æрхæссæггаг дæи, адæмы цауддæр, æмæ уæд мæ
цард дæр ницы у æмæ мæхæдæг дæр, никæй дæр мæ сæр хъæуы,
а зæххыл уæлдайаг дæн... Уыцы æрхæндæг хъуыды ныфтыди
уæдæй фæстæмæ йæ зæрдæйы æмæ дзы абоны бонмæ не сцух. Йæ
уæлвæд ын Уырызмæг бамбарын кодта, зæгъгæ, мах — ды, Сата-
на, Хæмыц æмæ æз — иу мады зæнæг стæм, фæлæ ды æндæр
фыдæй дæ, нæ мад дæ æндæр кæмæйдæр ныййардта æмæ дæ уымæн
схуыдтой галиу лæппутæ «æрхæссæггаг»... Фæлæ Сырдонæн уый
69
уæлдай нал уыд. Уырызмæджы ныхæстæй йæ зæрдæ ноджы амард:
ай мæ мæ мадызæнæг дæр æрхæссæггагыл куы нымайы, уæд ма
иннæты цæуыл домын?
Сырдон ма азтæй кæд саби уыди, уæддæр æппæт æмбæрста,
æппæт фæлгъуыдта йæ цымыдис зондæй, æмæ йын цы зонын хъуыд,
сабиты фидис сæ хистæрты дзыхæй кæй цæуы, уый. Æмæ уæдæй
фæстæмæ йæхи рахицæн кодта йе ’мгæрттæй — нал цыд сæ хъазт-
мæ дæр, сæ цуматæм дæр. Уæдæй фæстæмæ Сырдон иунæгæй
зылди Нæртон бæстыл, фыццаг — хъæутæм æввахс рæтты, стæй
дарддæр — хъæдрæбынты, хъæды æрфыты, кæмтты æмæ фæстаг-
мæ хохы цъупмæ дæр сфардæг. Касти цымыдисæй нæртон адæмы
цардмæ, фæндыдис æй, куы базонид, цæмæй хуыздæр сты, цæ-
мæн æй нæ нымайынц сæхиуыл?.. Ницы сæм рахатыд ахæмæй.
Иуахæмы бафтыд уæйгуыты цæрæнуатмæ фæсхох. Амбырд ыл
сты уæйгуыты сабитæ, ома сын цы ранæмын хъæуы хæххон дзы-
лыйы. Фæлæ сæ сæ фын фæсайдта. Сырдон, æцæг, фыццаг фæ-
тарсти, йæ зæрдæ бауынгæг: æргæвддзысты мæ ацы куыйтæ!..
Лидзын æм худинаг фæкаст, фæлæ тас зондæй тыхджындæр ра-
зынд æмæ Сырдон фездæхт фæстæмæ: зыдта йæ, лидзынмæ йыл
ничи фæтых уыдзæн. Уыйразмæ иу хатт Æхсæртæггаты бæх-
рæгъауы иу-æртæаздзыд уырс йæ зæрдæмæ фæцыдис æмæ йæ ба-
фæндыд, куы йæ ’рцахсид æмæ йыл куы фæцинтæ кæнид. Уырс
ныххуыррыттытæ кодта, йæ хъамбул цæстытæ сдзагъултæ кодта,
фыццаг æй фæндыд лæппуйы цонгмæ дæндагæй фæлæбурын, фæлæ
йæм Сырдон æгæр къæйныхæй куы цыди, уæд дзы тас бацыд,
йæхи иуварс фехста æмæ лыгъд радта. Сырдон йæ фæдыл бафтыд
æмæ цалынмæ уырс дзыхълæуд ныккодта фырфæлладæй, уæдмæ
йæ фæстæ æвæлмæцгæ тæхæгау кодта. Уырсæн йæ фæрстæ, куын-
цы тæнтау, дыууæрдæм систой, йæ хиды фынк пирæнгæмттæй
хауд йæ риуæгънæг æмæ йæ мæгъздæттæй, Сырдон та нырма цæт-
тæ уыд æрвгæронмæ йæ фæдыл тæхынмæ. Уæд базыдта Сырдон,
дугъы уайаг кæй у, æмæ йæ ныр дæр ныфс уыди уæйгуыты саби-
тæй йæ сæр фæхæссын йæ къæхты фæрцы. Фыццаг æй цыма æй-
йæфтой, афтæ каст Сырдонмæ, фæлæ стæй иугай-дыгай фæстейæ
зайын байдыдтой æмæ ма дзы фæстагмæ æрмæст иу уади лæф-
лæфгæнгæ йæ фæдыл. Уый дæр бамбæрста, нæ йæ баййафдзæн,
æмæ йын лæгъстæ райдыдта: фæлæуу, дзигло, ницы дын кæндзы-
нæн, æрмæст иумæ ахъазæм! Иу уæйыг сабийæ лидзын худинаг
æркаст Сырдонмæ æмæ æрлæууыд, — кæд мыл тых кæна, уæд та
лидзын мæ хос, фæлæ йæ афæлварон, чи зоны, куыд сæ хонынц,
афтæ тыхджын не сты. Уæйыг æм æввахс æрбацыд æмæ уый дæр
æрлæууыд. Лидзынмæ афтæ рæвдз чи у, уый, чи зоны, тыхæй дæр
70
æххæст у æмæ мæ йæ фæдыл барæй расайдта, — тарсти йæхицæн
уæйыг саби дæр. Аныхæстæ кодтой æмæ кæрæдзийыя куы æрæу-
уæндыдысты, Сырдон уый куы базыдта, иннæ сабитæ сæ фæдыл
нал рацыдысты, уæд фæныфсджындæр æмæ уæйыг сабиимæ хъæ-
бысæй хæцыныл сразы. Кæрæдзи арайваз-байваз кодтой æмæ
Сырд.ж рахатыд, уæйыг цонгдыхæй æххæстдæр у, арæхстгай ар-
хайын хъæуы. Нæртон фæсивæд хъæбысæй хæсты цы хинтæ зыд-
той, уыдонмæ Сырдон цымыдисæй касти кæддæриддæр æмæ-иу
иунæгæй фæлвæрдта йæхи ахæм фæзилæнтæ базоныныл. Ныр ын
фыццаг хатт фæци фадат уыдон равдисынæн æмæ æнæнхъæлæ-
джы уæйыг лæппуйы йæхимæ рариуыгъта, цыма йыл рафæлдæхт,
ахæм хуызы йæ чъылдымыл атылд Сырдон æмæ уæйыгмæ йæ къæх-
тæ фæдардта, раст йæ ронбастмæ, стæй йæ къæхтæ айтынг кодта
æмæ йæ фехста йæ сæрты. Атахт уæйыг лæппу æмæ йæ хæмхудтæ
мæлдзыджы губаккыл ныххафта. Йæ цæссыгтæ акалдысты лæп-
пуйæн, фæлæ кæуын йæ сæрмæ не схаста æмæ, йæ цæсгомы туг
кæрдæджы гуцъулайæ куы асæрфта, уæд ын афтæ: дзигло, иу
хæст ма ракæнæм.
Сразы Сырдон. Ныр дзы тас æппындæр нал уыд æмæ йæ тых
цыма дывæр фæци, афтæ хатыд йæхи, æвнæлдта арæхстджындæ-
рæй. Уæйыг лæппу смæсты æмæ ма тыхæй цы архайдта, æндæр
дзы ферох, йе ’мгæрттимæ хæцгæйæ цы зыдта, уый дæр æмæ
Сырдон бацин кодта, мæсты лæг мын æнцондæр сайæн у! Уæйыг
ын хъавыд йæ роныл фæхæст уæвынмæ, ома йæ уæд нал суадз-
дзынæн тæлфын æмæ йæ ныббырсдзынæн. Сырдон уыцы фæнд
фæхатыд æмæ дзы йæхи хызта, йæ къухтыл ын хæцыд æмæ йæ
йæ фæдыл ласæгау кодта. Хатт-иу ын йæ къах æнæнхъæлæджы
бацавта зæвæтæй æмæ та-иу уæйыг фæфæлдæхт. Афтæмæй йæ
куы сфæлмæцын кодта, уæд æй басайдта иу чысыл къуыпгондмæ
æмæ та йæ уырдыгæй рахста йæ сæрты. Уæйыг атахт, йæ уæхск
æндæр тыппырмæ ахаста æмæ йе ’рдиаг ссыд. Сырдон хорзау нал
фæци, нæ йæ фæндыд, уæззау цæф куы фæуыдаид, уый — дзæ-
бæх лæппу йæм фæкаст æмæ йын батæригъæд кодта. Ныууад лæп-
пумæ æмæ йæ фæрсы, цы кодтай, зæгъгæ. «Цы фыддæр дæ хæ-
дзар, мæ цонг мын асастай!..» — загъта лæппу, рабадти, фæлæ йæ
цонг нал иста хæрдмæ. Йæ цæссыгтæ цыдысты уадултыл æмæ
тæригъæддаджы каст кодта Сырдонмæ, ома цы бакодтай, куыд ма
цæрдзынæн æнæ цонгæй?..
Сырдоны зæрдæ ныккæрзыдта: æцæг фыдбылыз куы расайд-
тон мæ хъазæн хæстæй, цы ма йын саразон?.. Æмæ йæ зæрдыл
æрлæууыд, иу хатт Алафарн сæ сыхæгты сабийы æлвæст цонг
куыд æвæрдта, уый. Сырдон, æрхæссæггаг кæй у, уый куы базыд-
71
та, уæдæй фæстæмæ æрмæст Алафарн æмæ Армимазимæ уыд хæ-
лар. Уыдон æй рæвдыдтой, сæхи сабитæй йæ ницæмæй хицæн
кодтой, æмæ сæм лæппуйы иунæг зæрдæ йæхи ласта æвæндонæй.
Куырды æмæ хъуыраугæнæджы дæсныйад дæр уæдæй фæстæмæ
бауарзта. Армимазæн-иу куынцдымæг уыди, Алафарнæн — æлыг-
нæмæг. Æмæ йын уыдон дæр зæрдиагæй амыдтой сæ дæсныйад,
уадз æмæ лæппу ахуыр кæнæд, чи зоны, йæ зæрдæ ратта ацы
дæсныйадмæ æмæ сын фæдонау фæуа. Иуахæмы сыхæгты саби
фæсхъæу къулы ратылди, йæ цонг фелвæст æмæ йæ Алафарн æвæрд-
та Сырдоны цур. Цыма йæ хосгæнæгæй цæттæ кодта, уыйау ын
амыдта: «Цонджы ’лвæст æнцон базонæн у, — стæджы къуыбыз
фæиппæрд вæййы йæ бынатæй кæхцауæй — æмæ фæрсырдыгæй
рапуси вæййы. Дæ арм ыл æрхæсс, уæд æй куырмæй дæр базон-
дзыиæ. Мæнæ ма ам æрысгар дæ армæй...» Сырдон хъавгæ æрха-
ста йе ’нгуылдзтæ сабийы уæхсчы тымбылыл æмæ æцæгдæр фæ-
хатыд, цонджы къуыбыз куыд рапуси, уый. «Ныр у, — амыдта
ноджы Алафарн, — æмæ цонджы стæг хъуамæ æвиппайды тых-
джын райвазай æддæмæ, стæй йæ афтæ суадзай æмæ йæ бынаты
куыд абада». Сырдон уыцы хабар хъусгæ фæкодта, фæлæ йæ куыд
хъæуы аразын, уый нæ базыдта. Æрмæст саби æвиппайды ныхъ-
хъыллист кодта æмæ йæ цæссыгтæ æрмызтысты. «Уымæн ницы у, —
худгæ загъта Алафарн, — саби кæуынæй фылдæр цы кæны, фæлæ
иудзонгонæй куы баззадаид, кæуинаг уæд уыдаид. Ныр та лæппу
фырыхъулы хуызæн! Дæ къухыл-ма схæц, быллахор, æмæ мæнæ
Сырдонæн иу ныдздзæхст кæн!» Саби æцæг йæ арм фæхъил кодта
æмæ дзы хъуамæ Сырдоны рацъыкк кодтаид, фæлæ уый йæ сæр
фæиуварс кодта, ома фæтарстæн, æмæ лæппу бахудти.
Уыцы хабар æрлæууыди Сырдоны зæрдыл, æрымысыд, цонг
ивазын ын куыд амыдта Алафарн, уый дæр, æмæ загъта, цæй,
бафæлварæм, чи зоны, мæнæн дæр фæрæстмæ уа, науæд мын
Алафарн уæйгуытæм ракомдзæн, кæцæй? Уæйыг лæппу джихæй
бадт æмæ йæ цæссыг нал урæдта. Сырдон æм бадзырдта: «Дæ
цонг ма хæрдмæ сис». Лæппу афæлвæрдта, фæлæ йæ бон нæ баци.
Сырдон цонгыл йæ арм æрхаста æмæ — æлвæст. «Ма тæрс, ныртæк-
кæ дын æй адзæбæх кæндзынæн, æрмæст кæугæ мауал кæн, уæйыг
куы дæ, худинаг у». Лæппу бахудæгау кодта æмæ йæ галиу армæй
йæ цæссыгтæ асæрфта. Сырдон уæхсчы къуыбызыл галиу армæй
фидар ныххæцыд, рахизæй — рæмбыныкъæдзыл æмæ лæппуйæн
афтæ: «Гъеныр иннæрдæм акæс æмæ фидар лæуу.» Æвиппайды
фетынг кодта лæппуйы цонг Сырдон æмæ йæ раздæры бынатмæ
балхъывта. Лæппу иу сæнт хъæр фæкодта, фæлæ стæй бахудт:
«Æнхъæл дæн, бынтон мын асастай мæ цонг, дзигло?..» Сырдон
72
уæхскыл ногæй йæ арм æрсæрфтытæ кодта æмæ базыдта: цонджы
стæг йæ бынаты сбадт, тас ын нал у. Уæд æм бадзырдта: «Дæ
амонд у æмæ дзигло нæ дæн, фæлæ хосгæнæг, æндæра иудзонго-
нæй баззадаис, хæмхудджын». Лæппу бахудт йæ фидисмæ: «Æцæг
зæгъыс?» «Мæ фыдыстæн, æцæг, схæц-ма дæ цонгыл». Лæппу йæ
цонг систа æмæ ныццин кодта: «Бузныг, хосгæнæг дзигло, абонæй
фæстæмæ мын æфсымæр уыдзынæ, кæд дæ фæнды, уæд. Мæ зæр-
дæмæ тынг фæцыдтæ... Нæ хъæуы мæнæй уæйыгдæр сабитæй ничи
у, дæ фæдыл дзы уæндгæ дæр ничи ракодта иунæгæй. Стæй мæ-
нæн мæ ном Сагсур хуыйны, мæнæй саджы лæппын никуы аир-
вæзт, æрцахсын æй. Фæлæ ды мæнæй лидзагдæр дæ, стæй тых-
джын æмæ арæхстджын. Цонгæй æз тыхджындæр дæн, фæлæ мæ
зæххытыл фæхостай. Æфсымæртæ уæм æмæ мæн дæр сахуыр
кæн... Мæ цуры дæм иу уæйыг дæр тызмæг сдзурын нæ бауæнд-
дзæн æмæ иумæ цæрдзыстæм... Кæд дæ фæнды, уæд. Мæн фæн-
ды». «Хин лæг дæ ды, Сагсур, — загъта Сырдон. — Ныр та дæ
хæцын куы сахуыр кæнин, и?.. Лидзыны тыххæй ма маст кæн —
мæнæн мæ ном Сырдон хуыйны, ома бирæгъы лæппын, æмæ мæн
ды куыд хъуамæ аййафай? Стæй æз уæйгуытæй куы тæрсин, уæд
мæхи къахæй уæ уæзæгмæ æрцыдаин? — Сырдон æрбаймысыд,
куы федта, уæйгуыты сабиты, уæд йæ зæрдæ куыд ауазал, йæ
къæхтæ куыд базыр-зыр кодтой, йæ ком куыд ахус æмæ йæхиуыл
йæ зæрдæ фæхудт: тæппуд дæн, æндæр ницы!.. «Фæлæ, мæнæн
дæр мæ зæрдæмæ фæцыдтæ æмæ дæ иугæр фæнды, уæд æфсы-
мæртæ уыдзыстæм... Æз Нартæй дæн æмæ дын æвиппайды уыр-
дæм цæуæн нæй, тызмæг адæм сты æмæ дæ куы бафхæрой, фæлæ
уал уалæ уыцы хохы цъуппыл æмбæлдзыстæм къуыри иу хатт...»
Схæлар уæдæй фæстæмæ Сырдон уæйыг лæппу Сагсуримæ.
Уæдæй фæстæмæ Сырдон йæ зæрдæмæ айста дыууæ зонды: фыц-
цаг уый, æмæ зæххыл иууыл чъизидæр, иууыл æнаккагдæр æн-
къарæн тас у, — лæг йæ удæн куы тæрса, уый! Тас лæджы уаллон
фестын кæны, цъыфы йæ абырын кæны... Тфу! Хæрæг у лæджы
зæрдæ, тасы бын куы фæвæййы, уæд. Нæ, тасæй знагдæр ницы ис
лæгæн. Уый йын байсы йæ зонд, йæ тых дæр æмæ йæ зæххы
’мвæз акæны, цыфæнды бæрзонд æмæ хъаруджын куы уа, уæд
дæр... Дæ зæрдæйы тасыл фæтых у — уый сси Сырдонæн уæдæй
фæстæмæ фыццаг зонды фæдзæхст. Æмæ-иу тыхст уавæры фыц-
цаг уый æрлæууыди йæ зæрдыл. Дыккаг зонд та уыди уый, æмæ
базыдта: иуæй тыхджын кæй у, нæртои фæсивæдæй йыл кæй ничи
фæуæлахиз уаид лæгæй-лæгмæ, иннæмæй, тыхæн зонд æмдзæдис
кæй хъæуы æмæ уæд дывæр кæй кæны лæджы тых. Æртыккаг
зонд та фæстæдæр бафтыд Сырдоныл: Сагсуримæ хъæзтыты иу
73
хатт Сырдон фæхатыд — цирхъы цæф ыл нæ ныдзæвы, Сагсур
бæрзонд фæхæссы кард æмæ нырриуыгъы, фæлæ та цирхъы фындз
зæххы афардæгвæййы, Сырдон йæхи фæтылиф кæны æмæ худы...
Уый уыд Сырдонæн стыр цины зонд: ныр йæ зæрдæйæ тас, йæ
удæн тас, худинаджы тас, æнаккаг æнкъарæн ноджы фæхауд æмæ
йын уый уыди иууыл æхцондæр зонд. Цыма йæ уд Уазайы цъуп-
мæ схæццæ æмæ уырдыгæй фæлгæсы нæртон бæстæм, афтæ йæм
касти æмæ йæхи æнкъардта хуыцауæмсæр лæгæй, тасы цагъарæй
чи фервæзт, ахæм лæгæй.
Фæлæ цыфæнды кæд уыди Сырдон, уæддæр... æрхæссæггаг!
Æмæ йын уыцы фидиссаг номæй фервæзæн нæ уыд. Ныр та бын-
тондæр рахицæн йæ мыггагæй æмæ иунæгæй, зыбыты иунæгæй
баззад ацы дунейыл. Цы кæна, куыд цæра дарддæр?.. Хъуыды
кæны Сырдон, фæлæ ницы йæ сæрмæ цæуы. Кæдæм фæцæуа?
Æхсæртæггатæй рахицæн, фæлæ Борæтæм цæуа, æмæ уыдон дæр
хуыздæр не сты. Уыдон æхсæн дæр æппæт тыхыл баст у. Æцæг,
уым цонджы тыхмæ бафтид исбоны тых: фылдæр фос кæмæ ис,
уый номджындæр æмæ тыхджындæр, уый иннæ æфсымæртыл
былысчъилтæ кæны æмæ йæ сæр бæрзæндты хæссы... Нæй уыдо-
нимæ дæр цæрæн, нæй уыдон æхсæн дæр рæстдзинад, иу иннæ-
мæн æххуысæнцой нæу, алчи йæхи мæт кæны æмæ афтæмæй цæ-
рæн куыд ис зæххыл? Алæгатæм фæцыдæуа æмæ уыдон дæр ахæм
сты. Раст у, хæтæнты нæ вæййынц, лæгмар æмæ тыхгæнæг не
сты, Хуыцаумæ кувæг адæм! — фæлæ сæ куывд дæр, сæ лæгъстæ
дæр пайдайыл амад сты. «Хуыцау, баххуыс мын кæн...» — фæлæ
мын афтæ баххуыс кæн æмæ иннæмæн исты фыдбылыз куыд æр-
хæсса Хуыцауы ахъаз. Мæн схъæздыг кæн, иннæ мæм курæг куыд
цæуа! Мæнæн мæ фыдми ныггæдзæ кæн æмæ дын стыр кусарт
акæндзынæн! Æмæ уæд уый цæй рæстдзинад у? Зæхх нæ бæстыл
хæрх, уæддæр æй райваз-байваз кæнынц, цыма сыджыты азар
æрцыд. Зæринæйы хуым дæр ма чъылбызгай фæдавтой, сыджыты
амæттаг фæуой! Куыд цæрдзæн лæг уыдонимæ дæр? Куынæ сын
барай, уæд хылмæ цæуы æмæ зæгъдзысты — Æхсæртæггаты фыд-
вæтк æрхастай не ’хсæнмæ æмæ нæ ныууадз, фæцу дæхи хуызæт-
тæм!.. Куы сын барай, — дæ сæрастæу дын хуым бакæндзысты
æмæ стæй Хуыцаумæ скувдзысты: ныббар нын, кæд исты фæрæ-
дыдыстæм, уæд, ома рæдигæ æрмæст Хуыцау нæ кæны, тæригъæ-
ды æрмæст Хуыцау нæ цæуы, зæххон адæм та уытæппæт фыдуаг
митæй иуæй дæр хызт не сты æмæ цы кæной? Цыма сæ куы ныу-
уадзиккой, уæд сæ Хуыцау азымы дарид, уыйау. Цæй, ацу æмæ
фæцæр уыдонимæ дæр!..
Æмæ уæдæ цы фæкæнон мæ иунæг сæры къуыдыр? Уæйгуы-
74
тæм ма кæд фæцæуон, æмæ уыдон æрдзæй зондцух фесты æмæ сæ
цы радома лæг? Уыдон æз кæм раивдзынæн?..
Нæй, мæнæн зæххыл бынат нæй!.. Кæд мæхи амарон, æндæр
мæнæн фæндаг нæй ацы дунейыл! Никæй хъæуы — нæдæр мæ
зонд, нæдæр мæ хъару. Мæнæн цæргæйæ нæу! — ныккæрзыдта
Сырдоны зæрдæ йæхи тæригъæдæй æмæ йæ цæссыгтæ ныггæр-
гæр кодтой.
Фестади Сырдон æмæ æддæмæ рахызт айдагъ хæлафы, бæ-
гъæмвадæй. Æлыг астæрды уазал æмæ райсомы ирдгæмæ чысыл
фæлæууыд йæ масты судзаг, æрбадт, къулы ’нцой цы бандон уыди,
ууыл æмæ, йæ цæнгтæ йæ гом буарыл æрбатухгæйæ, дарддæр
хъуыды кæны йæ фидæныл...
Фатакуй фæхатыд йæ хицауы растад æмæ уый дæр йæ бы-
рынкъ фæхъил кодта, фæбонырдæм æмæ йæ цæст дзæбæх уынын
райдыдта, фæлæ Сырдон хæдзары нæ уыд æмæ фестад, йæхи ай-
вæзта, стæй зивæггæнгæ араст дуармæ: ома, мæ хицау ацафон стаг
куы нæ уыд, уæд ыл ныр цы ’рцыд?
Сырдон ныттыхст йæ куыдзы ’фцæгыл æмæ йын йæ хъæстытæ
райдыдта:
— Иунæг стæм æз æмæ ды, Урсдзых, иунæг. Ничи нын ис —
нæдæр æрвад, нæдæр æфсымæр. Ныр, хъодыгондау, мæлæты бон-
мæ иунæг уыдзыстæм. Æз — æрхæссæггаг, ды — мæ куыдз... Æниу,
чи зоны, адæм иууылдæр иунæджытæ сты, ничи никæй дарæг у,
куы ницы æнхъæл дæ уа, уæд дыл хæцæг дæр ничи уыдзæн...
Афтæ у, Фатакуй, чъизи æмæ фыдвæтк у дуне, нæй дзы нæдæр
уарзондзинад, нæдæр тæригъæд, чи кæуыл тых у, уый йæ быны
ссæнды, æмæ афтæмæй цæрæн ис? Стæй иу иннæйы коммæ нæ
кæсы, зæгъгæ, уæд ын знаг фесты æмæ цæмæн хъуамæ уа афтæ?
Цæмæн хъуамæ кæсон æз Уырызмæджы коммæ? Хорз исты мын
куы амонид, раст хъуыддагыл мæ куы ардауид, — мæнæ æз, фæлæ
нæ цæуын йæ фæдыл, тыхгæнæг нæ фæдæн ме ’рдзæй æмæ йын
уый тыххæй марг фестадтæн, афтæмæй мæ мадызæнæг у. Цæй,
уый раст кæцæй у, Урсдзых, и?..
Цæмæн хъуамæ хæссон æз искæмæ мæ фаты бырынкъ, мæ
цирхъы ком?.. Мæ зæхх нæ бæззы, æви мæхæдæг бакусынæн нæ
дæн? Æви тыхæй кæй байсай, дæ туджы кæнæ искæй туджы ’вдыл-
дæй цы къæбæр кæнæ физонæг бахæрай, уый хæрзаддæр у, и?
Нæу зæгъыс? Гъе, æмæ дæ комæй мыд фæхæр! Раст зæгъыс, Урс-
дзых, раст! Æз дæр афтæ хъуыды кæнын æмæ мæн ме ’рвадæлтæ
уый тыххæй нæ уарзынц...
Раст дын куы зæгъон, Фатакуй, уæд канд уый тыххæй дæр
нæу, æвæццæгæн, хъуыддаг... Ис ма дзы æндæр хин дæр æмæ йæ
75
ды, чи зоны, нæ хатыс, Урсдзых, ды кæд зонды къуыбар дæ, уæд-
дæр куыдз дæ æмæ дæ уыйбæрц лыстæджытæ нымайынмæ не ’вдæ-
лы. Фæлæ æз адæймаг дæн æмæ мын сæр мæ раттæг æрмæст худ
дарынæн нæ ралæвар кодта... Уæдæ, Фатакуй. Гъе, æмæ ма дзы
æз иу хин уынын. Ды йæ нæ зоныс, уæд ма гуырд дæр нæ уыдтæ,
фæлæ æрцыд ахæм хабар. Мæ дыууæ æфсымæры, Уырызмæг æмæ
Хæмыц быцæу кодтой: чи сæ хистæр у, зæгъгæ, афтæмæй æмбæйттæ
сты, фаззæттæ. Цæй-ма, цæуыл худæгæй мæлыс, Урсдзых, уый,
æвæццæгæн, куыдз кæй дæ, уымæн дæм худæг кæсы. Уымæн æмæ
сымах, куыйтæ, лæгау хин не стут, уыцы зонд уæ нæ фæци уæ
раттæгæй, æмæ хистæр циу æмæ цы пайда у, уый æмбарат. Чи
зоны, сымахмæ уый ницы дæр давы, фæлæ махмæ, адæммæ, уымæн
стыр ном ис —Хистæр! Уæдæ... Куыд дын æй бамбарын кæнон,
нæ зонын. Уæддæр куыдзы зонд æндæр у, фæлæ, зæгъæм, ды
хистæр дæ, æз та кæстæр. Уæд хъуамæ ды кувæг уай, æз та дын
омменгæнæг æмæ уырдыглæууæг уон. Ды балцы куы цæуай, уæд
æз — дæ бæх ифтындзæг, дæ цæттæгæнæг, де ’гъдæнцойыл хæ-
цæг. Исты куыст ис хæдзары, уæд йæ уæззаудæр æмæ чъизидæр
хай кæмæ хауы, уый — кæстæр. Хæрд, нозт, уæд та йæ дзадж-
джындæр æмæ йæ хуыздæр — хистæры. Уæдæ... Афтæмæй нæ
хистæртæ та æмбисæндтæ хæссынмæ æмбисонд сты: гуыбынтæ,
дам, æфсымæртæ сты! Ай-айдæр сты, цалынмæ фынгыл сбадынц,
уæдмæ, стæй дзаджджын хæйттæ хистæрты гуыбынмæ адымынц,
къæристæ — кæстæрты. Æмæ та уымæн дæр ис æмбисонд: гал дон
баназæд, уæныг их астæрæд!.. Æмæ стæры ихтæ уæныг, уæдæ цы
кæна, мæгуыр?
Стæй канд ууыл дæр нæу, Урсдзых, хъуыддаг. Дзырд рæст-
дзинадыл цæуы, æндæра тæвд цæхæр ацæуæд йæ хуылфы, гуы-
быны хардзыл чи сдзура, уымæн. Æмæ рæстдзинад та хистæрæй
кæстæры ’хсæн уæвгæй дæр никуы ис. Мæнæ дын мæхицæй зæ-
гъон. Æз сæ кæстæр дæн ме ’фсымæртæн æмæ мæ куыдзы тард
ракодтой. Мæн дæр истæмæй цæрын хъæуы, уый сæ хъуыдыйы
дæр нæй... Мыггаджы хистæртæм куы бахъаст кæнин, уæд мын,
чи зоны, стæгау, исты раппариккой, фæлæ уый мæ сæрмæ нæ
хæссын, уыдон та мæ кой никуы ракæндзысты. Цу æмæ дæхицæн
цард агур, зæгъгæ. Мах нæ фæллой балцыты ссардтам, ды немæ
никуы уыдтæ! Раст у, никуы уыдтæн, фæлæ æз дæр хæдзары иууыл
уæгъды кæй нæ бадтæн, сæ фаджыстæ сæрфын мæнмæ кæй хауд,
уый сæ хъуыдыйы кæрон дæр нæй. Балцыты семæ куы цыдаин,
уæд мæ тæрсиккой, исты нын сфыдбылыз кæндзæн, зæгьгæ, æмæ
мын бар-æнæбары дæр исты бахай кодтаиккой, фæлæ ныр цæмæй
аргъуц кæной? Зонынц æй, Сырдон сæм тых нæ бахæсдзæн æмæ
76
йæ цы нымайой? Тыхы сæрыл ныллæууон, æмæ уæд уыдон хуы-
зæн хъуамæ скæнон мæхи, æмæ уый та мæ сæрмæ нæ хæссын,
æндæра мæ тыхæй цы ахæссиккой, уый фенис ды дæр, Урсдзых...
Нæй, Фатакуй, афтæмæй цæрæн нæй ацы дунейы, тыхы рæс-
тæг ныккодта, тыхы, æмæ мæм уый та худинаг кæсы, рæстдзина-
дæн йæ кой дæр нæй. Æмæ куыд цæрон æз æнæ рæстдзинад?
Лæгæн йæ буар цæрдзæнис исты хуызы. Лæг йæ гуыбын æфсад-
дзæни, цæхæр дзы ацæуа, кæд уый дæр æххормагæн нæ фæра-
зы... Фæлæ цæмæй цæра адæймаджы зæрдæ, цæуыл фæлæууа йæ
уд, цы цæсгомæй сразы уа йæ хъуыды æнæрастдзинадыл? Æви
тыхы раз дæ сæр ныллæг ауадз æмæ гуымиры тыхæн дæ сæрæй,
дæ чъири ’мæ дæ физонæгæй бакув, Алæгатау?! Æмæ ууыл куы
сразы уа зонд, уæд ма уый лæджы зонд у, уæд ма уый не сфæлди-
сæджы иууыл стырдæр æмæ иууыл уаздæр лæвар у?!
Нæ, Фатакуй, фæлтау мæ сындзын артыл сфизонæг кæн, уæд-
дæр æз ууыл никуы сразы уыдзынæн, мæ мæлæт дзы куы уа,
уæддæр агурдзынæн мæ рæстдзинад! Фæлæ куыд, куыд, Фата-
куй! — фæхъæр кодта йæ мæстæй Сырдон æмæ фæтарст куыдз,
бахъырнæгау кодта, ома нæ кæд исчи нæ уадзы, мыййаг, уæд æз
дæр мæнæ дæн. Сырдон фембæрста йæ куыдзы зæрдæхатт æмæ
йæ ныхас фæфæлмæн кодта.
Ды тæрсгæ ма кæн, Урсдзых, — йæ мукъутыл ын йæ рустæ
асæрфтытæ кодта Сырдон, — æз иу лæгмæ мæстыйыл дзургæ дæр
не скæнин... Фæлæ рæстдзинад иу лæгæй агургæ нæу, дунейæн
хъуамæ иумæйаг уа, алкæмæй агургæ у, æмæ адæм та бирæ сты,
цы сын бакæна иу лæг?.. Зæгъæм, æз кæмæй агурон рæстдзинад,
стæй куыд?.. Рæстдзинад, Фатакуй, куыдзы мыггаг у, йæ сæрыл
дзурын стыр тасы хабар у... Ды куыд æнхъæлыс, зæгъæм, нæ
галиу лæппу кæй бакуырм кодта Ардагъуйы, уый æз куы рахъæр
кæнин, куы йæ рахæссин адæмы рæгъмæ, уæд мын батаид?.. Нæ,
Урсдзых, уæд мæ физонæг скæниккой сæ бон уæвгæй... Уæдæ,
Фатакуй, афтæ у, рæстдзинад адæм æрмæст искæй хардзæй уар-
зынц, сæхицæй сын æй куы домай, уæд дæм марæн кард сисдзыс-
ты... Æмæ афтæмæй рæстдзинад куыд хъуамæ уа дунейыл?.. Æнæ
уый та цæрæн нæй мæнæн, Фатакуй, æмбарыс?.. Нæй цæрæн!..
Уæд фæлтау мæхи амардзынæн æмæ уый уыдзæн иууыл хуыздæр
мæнæн дæр æмæ дунейæн дæр. Мæн ахæм цард нæ хъæуы!.. Уæд
фæлтау, цом, Фатакуй, цом, Урсдзых, æмæ уартæ Арпаданы нæхи
нывзилæм. Ивылд у ныртæккæ æмæ нæ йæ талынг змæст бынмæ
тагъд нылласдзæн, ма тæрс... Нæ, ды цæр, Урсдзых, дæу адæмы
царды рæстдзинад уыйас ницæмæн бахъуыд. Цалынмæ дæ бон
лæггад кæнын уа, уæдмæ дæ дардзысты, стæй куы ныззæронд
77
уай, уæд дæ ратæрдзысты æмæ дæ искуы бирæгътæ ныхсындзыс-
ты. Фæлæ уый куыдзы цардæй хорзыл нымад у æмæ цæр... Фæлæ
мæн куыдзы цардæй цæрын нæ фæнды, нæ! Æз лæг дæн æмæ
хъуамæ лæджы цард кæнон, рæстдзинад æмæ уарзонæй. Уый нæй,
уæд мæлæт хуыздæр у æмæ йæ равзæрстон мæхицæн. Ды цæр...
Сырдоны цæссыгтæ бырыдысты йæ рустыл æмæ Фатакуйы
фындзы рагъыл куы аныдзæвдысты, уæд куыдз бамбæрста, йæ
хицау цæуылдæр тынг æнкъард кæй у, фæлæ йын цæмæй фæахъаз
уа, уымæн ницы зыдта æмæ йын фыццаг йæ рус асдæрдта... Куыд
цæхджын у лæджы цæссыг! — ахъуыды кодта Фатакуй æмæ фыр-
тыхстæй бакæуæгау кодта, сниудта, срæйдта, сызнæт и. Сырдон
æй феуæгъд кодта. Цæмæй фæтарстæ, цæ, Урсдзых? /Еви мын
тæригъæд кæныс? Дзæгъæлы мыл тыхсыс, бынтон дзæгъæлы. Ацы
куыдзы цардæй ма ноджы куы ацæрин, уæд дæм мæн тыххæй
ноджы стырдæр мæстытæ æрхауид. Ды хъуамæ цин кæнис, кæй
мæ ирвæзыс, ууыл... Ды йæ нæма зоныс, рæстдзинад чи агура,
уымæн йæ куыдз дæр йе знæгты амæттаг кæй кæны, фæлæ йæ æз
зонын, æмæ ниуыны бæсты цин кæн. Фервæздзынæ мæнæй æмæ
мæ мæстытæй! Уый уыдзæн дæуæн дæ амонды хабар, фæлæ цом.
Ныр афон у, мæнæ бон дæр æрбарухс кæны... Мæлæты талынг
хъуыддаг талынджы кæнгæ у... Цом, Урсдзых, дæ чысылæй ныр-
мæ мемæ схъомыл дæ, мæ тыхсты дæр, мæ цины дæр мемæ уыдтæ
æмæ мæ афæндараст кæн мæ фæстаг балцы...
Фестад Сырдон, йæ уæлæфтаумæ дæр нал баздæхт, цæмæн ма
мæ хъæуы, мæрдтæм æнæ уæлæфтау дæр уадзынц, стæй йæ дон
уæддæр раласдзæн ме ’рагъæй... Агурæг мæ нæ уыдзæн, фæлæ
исчи куы ’рбафта мæ халагъудмæ, уæд æй базондзæн — дард ни-
куыдæм ацыди, рæхджы зындзæн æмæ мæ нал агурдзæн. Мæ
мæлæтыл кæд Алафарн æмæ Зæринæ бамаст кæной, æндæр ничи...
Ферох мæ кæндзæн Урсдзых дæр, хуыздæр зилæг æм куы фæуа,
уæд, æмæ ахæм та зын ссарæн нæу, — хус къæбæрæй дарддæр æм
мæнæй ницы хауы.
Рараст Сырдон йæ къæсæй Арпаданы былмæ. Фатакуй дæр
цыди йæ фæдыл сæргуыбырæй æмæ дымæгуагъдæй, йæ зæрдæ
хатыд, ацы фæндаг иннæ хæттыты цыдау кæй нæу, цыдæр фыд-
былыз æм дзы кæй кæсы. Чысыл куы рауадысты, уæд ма Сырдон
иу каст фæкодта йæ халагъудмæ: хорзæй баззай, уæддæр мæ цар-
ды бонтæй дæ къуымы кæй арвыстон, уыдонæй æхцондæр ничи
уыди мæ удæн. Хæрзбон!..
Дæхгæр фæзылд Сырдон æмæ атагъд кодта. Арпаданы былгæ-
рон къардиуы сæрмæ æрлæууыд æмæ лыстæггай ныккаст змæст
уылæнтæм. Ныр уыдон уыдзысты мæ рæвдауæг, мæ хъæццул, ис-
78
куы хуыдымы змис та мæ бинаг нымæт... Æмæ æрæфтыд йæ зæр-
дыл, йæ фыды йын доны бардуаг Гæтæг кæй хуыдтой Нарты мæс-
тæймараг фæсивæд... Æниу цæмæй æвзæр у, доны бардуаг кæй
хуыдтой, уый? Фæлæ кæд уый дæр мæстæй марынæн æрымысы-
дысты?.. Нæ Сатана дæр йæхи Уастырджийы чызг хоны, фырбу-
цæн! Æмæ кæд уый дæр сайæн ныхас у, йæхи цæмæй иннæтæй
уæлдæр хона, уый нысанæн, уæд та? Иууылдæр мæнгард адæм
сты, йæхи ма чи цæмæй фæуæлдæр кæна иннæтæй, ууыл сты, цыт
æмæ хистæрдзинадыл мард! Æвæццæгæн, уымæн мысынц гæды-
ныхæстæ дæр. Ныр та тугмондаг гæдыдзæст Сослан дæр йæхи исты
бардуаджы лæппу хондзæн, афтæмæй та йæ хорз зонын, фыййауы
амаццаг кæй у! Æз дæр, æвæццæгæн, ахæм бардуаджы лæппу дæн!
Бардуаджы лæппу! — былысчъилæй сдзырдта Сырдон. — Уæд
мæ ам, ацы адæмы ’хсæн цæмæн ныууагъта? Науæд мæ сæрыл
цæмæннæ искуы сдзырдта, иу хатт мын йæхи цæуылнæ равдыста?
Иу рæвдыд ныхас дзы уæд та цæуылнæ базыдтон, мæ сабийæ
фæстæмæ мæ куы тонынц æрхæссæггагæй?!
Нæ, мæнæн фыд нæй, мæнæн фыд нæй!.. — ныдздзынæзта
Сырдон æмæ йæм фæзынд къæйных фæнд. Кæд мын фыд ис æцæг,
кæд бардуаг у, уæд æм ныртæккæ фæсиддзынæн æмæ ма фæзы-
нæд, кæд лæг у, уæд! Кæд уый йæ бон нæу, кæд мæ ницæмæ
дары, йæхи дæр мын не ’вдисы, уæд мæн ахæм фыд ницæмæн
хъæуы, уæд мæнæн фыд нæй, нæй, нæй!!!
— Е-ей! Кæм дæ, мæ фыды зæронд Гæтæг, кæд дæм исты лæг-
дзинад ис, уæд фæзын мæ хъæрмæ! Е-ей, кæм дæ?!
Сырдон ныхъхъæр кодта йæ дзыхыдзаг æмæ фæхъус, хорз æм
нал фæкасти йæ къæйных сидт: худинаг у бардуагмæ ахæм æвза-
гæй дзурын, æниу ма мын цы уæлдай у, донласт хуылыдзæй нал
тæрсы, мæ мæлæты размæ ма уый уæддæр зонон, мæнæн æцæг
фыд нæй æмæ мыл уый дæр мысгæ æркодтой мæ хъæбæрдзых
æфсымæртæ, — худынæн, хъазынæн, мæстæймарынæн!..
Нæ уырныдта Сырдоны, йæ сидтмæ исчи фæзына, уый, фæлæ
уæддæр дзагъырдзастæй касти доны уылæнтæм, диссаг æрцæуын
æнхъæлæй... Æмæ æвиппайды Арпаданы уылæнтæ доны барцы бын
æнахуыр змæлд скодтой, стыппыр сты æмæ змæст доны обау сыс-
тад, дуры цæндау, донвæды астæу. Сырдонæн йæ сæрыхъуын барц
сбадт æмæ сризæгау кодта йæ буар. «Ай циу, дæ хорзæхæй, æви
утæппæт дам-думтæ æцæг уыдысты æмæ мæнæн æцæг ис фыд?..»
Нæма фæци йæ хъуыды кæронмæ, афтæ фехъуыста Сырдон
бæзджын, ныллæг æмæ тыхджын хъæлæс: «Лæ?гпу, уырдыгмæ
æрхиз доны былмæ æмæ дын дæ цæсгом дзæбæхдæр фенон. Сид-
тæ мæм, æмæ мæнæ — æз, æрцу ды дæр».
79
Сырдон æрхызт къардиуы бынмæ æмæ донмæ хæстæг бацыд.
Лæгæрдынмæ дæр хъавыди, фæлæ йæ баурæдта уыцы хъæлæсы
ног ныхас:
— Лсеппу, нырмæ дæм кæй никуы фæзындтæн, уый дæ зæр-
дæмсе ма хсесс. Мсен фсендыдис, цсемсей адсемы цард базонай,
бавзарай æппæтдæр æмæ царды фæндаг равзарай дæхæдæг.
Стæй кæд, дæ нысанмæ цæугæйæ, истæуыл тыхстаис, уæд дын
æххуысгæнæг мæнæ æз... Фæлæ царды нысан хъуамæ алчи йæ-
хæдæг равзара, йæ удæн æхцондæр цы уа, уый; йæ сæр æрхæс-
сынмæ цæй тыххæй сразы уыдзæн, ахæм. Æз кастæн æнхъæл-
мæ, кæд фæуыдзæн дæ агурæнты дуг, кæд равзардзынæ дæ цар-
ды нысан, мыггагмæ кæмæн хъарай дæ уд, ахæм нысан. Бирæ
фæкастæн, фæлæ ды нырмæ дæр нæ равзæрстай ахæм нысан.
Мæнæ дысоны мастæй та дæ зонд бынтон ныдздзæгъæл, æмæ
дæхи æппарыс мæлæты коммæ. Рæдийыс, мæ хъæбул, фæлæ йæ
ныууадз æмæ хъус дæ фыдмæ. Æз дын радтон цард, радтон дын
лæджы уаздæр курдиат — адæмы уарзон, цардуарзон, удуарзон.
Æмæ уый рахастай бæлвырд — уарзыс, зæххыл удæгасæй цы-
дæриддæр ис, уыдоп — мæлдзыгæй кæрдæджы цъупмæ. Радтон
дын рæстдзинадуарзон. Ис дæм уыцы курдиат дæр, фæлæ уый
уæззау æмæ æнæхайыры курдиат у. Нæ бафæрæзтай ды уыцы
курдиаты уæз, сфæлмæцыдтæ дзы æмæ дзы дæхи атонынмæ
хъавыс... Рæдийыс, мæ хъæбул. Ма дзы фæтæрс, быхс æмæ
йыл хæц, цалынмæ дæ уд дæ мидæг уа, уæдмæ. Æнæхайыры
курдиат у, бузныг æнхъæл макæмæй у, дæ зын дын ничи фæрог-
дæр кæндзæн, æххуыс дæуæй æнхъæл уыдзысты кæддæриддæр;
дæуæн зын у, уый та йæ хъуыдыйы дæр никæмæн уыдзæн, фæлæ
быхс æмæ йæ ма ныууадз уыцы курдиат, уый иууыл уаздæр
æмæ стæмдæр курдиат у зæххыл, сымах дунейы.
Ныр у, æмæ аздæх фæстæмæ дæ халагъудмæ æмæ дзы цæр
æмæ кæн дæ рæстдзинад дæр æмæ дæ дунеуарзондзинад дæр.
Ма сæ ныууадз, макуы! Зонын æй, куыд зын дын у, мæ хъæбул,
фæлæ лæгæй цæрын зын у æмæ зын уыди кæддæриддæр, никуы
дæр æнцон уыдзæн. Уый канд зæххыл нæу афтæ, афтæ у
уæлæрвты дæр. Кæд искуы схауай уырдæм, уæд æй фендзынæ
дæхи цæстæй. Æмæ быхс, æмæ цæр!..
Ис дæ фæндиæгты рæсугъд зæрдæми, ацу йæ фæдыл, акæн
æй кæронмæ; кæй равзæрстай дæ зæрдæйæ, уый дæ нывы фæци
æмæ йæ ма ныууадз. Ма дзы фæтæрс, — цард зын у, фæлæ йæ
ды куыд чъизи æмæ æнаккаг æнхъæл дæ, афтæ дæр нæу. Нæ,
ноджы дзы фылдæр чъизитæ æмæ æнаккаг митæ базондзынæ,
фæлæ базондзынæ ноджы бæлвырддæр та, царды цы уаз æмæ
80
аив хъуыддæгтæ ис, уыдон æмæ уæд дæхæдæг зæгъдзынæ: цар-
ды цы мин-мин, сæдæ-æрдзæ чъизи æмæ æнаккаг хъуыддаджы и,
уыдон се ’ппæт иу уаз æмæ лæджы аккаг хъуыддаджы бæрц нæ
ласынц цардбарæныл... Цу æмсе цæр!.. Иу курдиат ма дын у
мæ бон раттын æмæ йæ зон — абонæй фæстæмæ дын тынг зын
куы уа, уæд-иу зæгъ дæхимидæг: мæ фыд, зын уавæры дæн æмæ
мæ æндæр исты фестын кæн! Цы дæ фæнда, уый фестдзынæ
иу уысммæ, кæд дæ ирвæзæн хос уа, уæд. Цу, æндæр дын ницы
мæ бон у, цу æмæ цæр! Уый дын зæгъын æз — дæ фыд, доны
бардуаг Гæтæг. «Цу æмæ цæр!..»
«Цу æмæ цæр!..» — зæлыди Сырдоны хъусты, — «Цу æмæ
цæр!..»
Æндзыгæй фæлæууыд иу-цасдæр Сырдон, стæй йæ мидбынат
æрбадт былгæрон змисыл æмæ фыццаг хатт йæ цæргæ-цæрæнбон-
ты чысыл сывæллоны куыд ныккодта. Фатакуй ницы бамбæрста,
цы ’рцыди, уымæн æмæ Сырдоны гуыбырæй кæугæ куы федта,
уæд йæ зæрдæ суынгæг и æмæ та йын йæ рус астæрдта, ома ма
тæрс, æз дæ цуры куы дæн, уæд цæуыл кæуыс афтæ зæрдиагæй?
Сырдон фæхъуыды кодта йæ куыдзы æмæ фырцинæй ноджы
ныккуыдта, æрмæст ныр цины цæссыгтæ згъæлди йæ цæстытæй:
— Урсдзых, ныр ницæмæйуал тæрсын! Ныр мæнæн ис фыд,
ныр æз тыхджын дæн, æз фехъуыстон мæ фыды ныхас: «Цу æмæ
цæр!» Ныр махæн цæргæйæ у, Фатакуй! Цæргæйæ! Е-е-ей, цу
æмæ цæр! Цу æмæ цæр!! Цу æмæ цæр!!!
Арпаданы атагъайы ацы хъæр хъуысти æмæ кæмдæр хъæды
арфы азæлд ногæй-ногмæ фæзмыдта бæзджын хъæлæсæй ацы
æгъуыстаджы сидт: «Цу æмæ цæр!..»
Фестад Сырдон, йæ куыдзы йæ хъæбысы акодта æмæ йæ рас-
къæфта, цыма йын искæмæй исынæй тарсти. Фатакуй бамбæрста,
ныр йæ хицау йæ хорз зæрдæйыл кæй ис æмæ æнцад лæууыди,
æрмæст лыстæг хъæлæсæй цины хъыс-хъыс кодта. Сырдонмæ та
афтæ каст, цыма заргæ кæны æмæ йын хъæрныдта йæ мид-зæр-
дæйы: Е-е-ей, е-е-еей!..
10
Сырдон хæдзармæ куы бахызт, уæд афæнд кодта, нырма ра-
джы у æмæ уал чысыл куы афынæй кæнид, стæй райсом исты
фæндтæ кæндзæн йæ дарддæры цардæн. Фæлæ йæ уæйлаг нымæ-
ты бын абырынмæ куыд хъавыд, афтæ йæ хъустыл ауад кæйдæр
дзурын:
— Сырдон, уæ Сырдон, ам дæ цы?
6 Сырдопы цæссыгтæ
81
Сырдон фæджихау, чи мæм хъуамæ дзура ахæм раджы, кæй
бахъуыдтæн? Æмæ ам вæййын, уый чи зоны, Зæринæйæ дард-
дæр? Куы никуы ничи уыд мæ къæсы? Дыккаг хъæр куы ’рба-
чынди, уæд Сырдон равзæрста сылгоймаджы хъæлæс, фæлæ уый
нæ уыд Зæринæ. Тагъд-тагъд рауад хъæрмæ æмæ уыны йæ дуа-
рæй цалдæр санчъехы æддæдæр Сатанайы уæйлаг нымæты бын,
йæ сæрыл дæр лæджы тахъа. Цы йæ бахъуыд ацы хингæнæджы? —
хæрам зæрдæйæ ахъуыды кодта Сырдон, фæлæ стæй йæхи фæу-
рæдта æмæ та йæ хъазæн æвзаг фелвæста:
— Дæ райсом хорз, уæздан æхсин! Цы дæ æрбахаста, дæ хор-
зæхæй, мæ галуанмæ? Бæргæ дын авæрин дæ разы æргъæуæй
бандон, фæлæ сæ уæлæ нæ гуыппырсартæ дысон нæртон куывд-
мæ ахастой, кадджын балцы фæстæ сæ хъал калынц æмæ сын цы
кодтаин, радтон сæ, уадз æмæ фæйнæгфарс адæм сæ тугкалæн
хæстыты фæстæ удæнцой улæфт бакæной! Уæдæ куыд вæййы!
Сатана бамбæрста, Сырдоны дæлгоммæ ныхас джидзæг кæ-
нынмæ арæзт кæй у. Дзуапп ын куыннæ ссардтаид, фæлæ йæ
ныртæккæ уый не ’ндæвта æмæ йæ цыды сæр цæуыл уыд, уымæй
райдыдта комкоммæ:
— Ме ’взаджджын æфсымæр, æз ацы сæумæцъæхæй лæджы
дарæсы дæумæ хъазæн ныхæстæ кæнынмæ не ’рбацыдтæн. Уый
дæхæд дæр куы зоныс, уæд ма мæ цы хæнджылæг кæныс?
— Кæд афтæ у, уæд дзур, мæ хорз æхсин! Лæугæйæ лæг цы-
бырдæр фæдзуры, — уæддæр та йæ фелхыскъ кодта Сырдон.
— Цыбырæй мæ дзуринаг: нæ лæджы æдылы ныхæстæ дысон
адæмы раз. Дæ зæрдæмæ сæ ма ис. Кæд дæ æцæг фæнды Алæго-
ны ракурын, уæд сæм тæккæ изæр барвитдзынæн нæ лæджы æмæ
хъуыддаг нывыл ахицæн уыдзæн рæхджы. Уый мæ дзуринæгтæй
иу. Фæлæ æрмæст уый фæдыл не ’рбацыдтæн.
— Диссаг, æз та афтæ æнхъæл уыдтæн, цыма мын æмæхсæвæ-
джы ус курынмæ рахъавыдтæ æмæ дæ уый æрбаскъæфта Уырыз-
мæджы дарæсы...
— Куы йæ загътон, ныууадз дæ хынджылæг, уыцы ныхæстæ
æз дæуæй къаддæр нæ зонын, фæлæ уыдоныл нæ дæн, Æз зонын,
ды рахатыдтай, нæ галиу лæппу Ардагъуйы хъазгæ-хъазын фатæй
кæй бахста æмæ йын йæ цæстытæ кæй фæаипджын кодта. Ныр
уый искæмæн куы зæгъай, уæд дыууæ мыггаджы ’хсæн уыдзæн
туг, æмæ æнустæм кæрæдзимæ карды ком æмæ фаты бырынкъæй
æвзиддзысты. Курын дæ, мæхи тыххæй нæ, нæдæр мæ сабийы
тыххæй, фæлæ дыууæ мыггаджы кæрæдзи амæттаг ма фæкæн.
Уый дæр дын нымаинаг фод, æмæ ды дæр Æхсæртæггаты лæппу
кæй дæ, нæ лæджы æфсымæр, иу мад уæ кæй ныййардта... —
82
Сатана чысыл улæфæгау акодта æмæ та райдыдта: — Ме ’ртыккаг
дзуринаг та уый у, æмæ цæмæн худинаг кæныс мæн дæр æмæ де
’фсымæрты дæр? Нæ хæдзар дæрдтыл куы у, цæрæг куы стæм,
куы ницæмæй цух стæм, уæд ды ис хæдзарæй ацы халагъуды цæ-
мæн цæрыс? Кæд дæ махимæ нæ фæнды цæрын, уæд та нывыл
ахицæн уæм æмæ цæр дæхи фæндиаг, фæлæ дæ мыггагыл дæ къух
ма ис, ма сæ бафтау адæмы дзыхы...
— Хорз æхсин, мæ уæздан хо, Уастырджийы чызг! — цыдæртæ
ма фæндыд дзурын Сатанайы, фæлæ йæ нал суагьта Сырдон. — Буз-
ныг дæ хъиамæтæй. Æз уый аргъ нæ дæн, ды ацы сæумæйы мæ
халагъуд кæй басгæрстай. Æцæг, æз ам ныр авд азы цæрын сæрды
хъармы, фæлæ йæ ды уынгæ дæр никуы фæкодтай, никуы дæр
дæм ныры ныхæстæ зæгъыны зонд æрцыди. Цы амоны уый, мæ
зондджын хо? Уый, мæ хойы хай, æмæ дæу мæ мæт никуы уыди!.. —
рамæсты Сырдон, фæлæ та йе ’взагыл фæхæцыди — хылы рæстæг
нæу. — Ныр дæр дæ нæй... Канд мæ мæт нæ, фæлæ дæ никæй мæт
ис, дæ къæбыла æмæ дæ лæгæй дарддæр. Фыццаг та дæхи цыт-
уарзаг сæры мæт... Раст у, зондджын ус дæ, фæлæ йæ дæ зæрдыл
дар: ды уыцы ’рдæм куы фæцæйцыдтæ, уæд æз та фæстæмæ раз-
дæхтæн... Абонæй фæстæмæ ма мæнæ исты фыдбылыз æрхастай
нæртон зæхмæ, нæртон адæммæ, уæд дын дæ фыдмитæ нал басу-
сæг кæндзынæн, адæмы раз дæ ныххудинаг кæндзынæн... Æз хорз
зонын, дæ фыд-зонд къæбылайы Ардагъуйыл ды сардыдтай,
Уырызмæг цытджын бæлццон æмæ фæтæг цæмæй уа цæргæ-цæ-
рæнбонты нæртон фæсивæдæн.
Ныр мæнæн мæ дзыхыл ныххæцыд, нæ адæмы ’хсæн туг цæ-
мæй ма уа, уый фæндиаг. Сыбыртт не скæндзынæн. Æрмæст або-
нæй фæстæмæ дæ къæбылайы фыд-зонд сараз нæртон зæххæй дард
искуыдæм. Мæнæ ма искуы исты фыдбылыз æрхаста нæ уæзæг-
мæ, уæд æй мæхи армæй мæрдтæм барвитдзынæн... Кæй лæппу
дын у, уый дæр хорз зонын, рох дæ ма уæд... Уый дын мæ уынаф-
фæ дæ фыццаг дзуринагыл.
Иннæ дзуринæгтæ, — Сырдон чысыл мæсты худт бакодта, —
уæгъды æрымысыдтæ!.. Дæ сæйраг дзуринаг байсæрдынæн дæ
бахъуыдысты, чъири царвæй куыд айсæрдай, уыйау. Уыдон уадз,
фæлæ дæ зæрдыл дар: æз, дæ зæрдæйы цы ’вæрд ис, уыдон хорз
зонын... Дæ иууыл стырдæр фæндиаг у, Хуыцаумæ кувæгау дæм
куы кæниккой нæртон адæм, Уырызмæг адæмы сæр куы уаид, дæ
къæбылайы та дæ армы цæвæнгарзæн куы дарис, — дæ коммæ чи
нæ кæса, дæ фæндиæгтыл разы чи нæ уа, уыдоны цæстытæ къа-
хынæн!..
Зæгъын дын ноджы дæр: аздах дæ тых, дæ азар нæртон зæх-
83
хæй. Ныууадз адæмы æнцад-æнцойæ цæрын. Зонын æй, дæ конд
нал аивдзынæ, æмæ дæм уымæ нæ сидын, фæлæ дæ фыдбылызтæ
аздах нæ зæххæй, нæ адæмæй!.. Кæд уый бакæиай, уæд а зæххыл
дæ фыдгой никуы уыдзæн. Фæлæ куы фæсайай, уæд дын фыд-
дæр знаг уыдзынæн æз, æмæ фендзыстæм, кæддæра мæ цы ахæс-
сиккат тыхæй дæр æмæ зондæй дæр...
Фæци ууыл мæ ныхас. Мæ кой куыд никуыуал уа уæ хæдза-
ры. Уæ мадызæнæг дæн, уый зонын. Уæхицæй мæ кæй нæ хонут,
уый дæр зонын æмæ мæ ныууадзут! — Йæхи нал баурæдта Сыр-
дон. — Ныууадзут мæ, цалынмæ уæм мæ арм нæ систон, уæдмæ!
Нæ мæ хъæуы уæ хорз дæр æмæ уæ ис дæр. Цæрут уæхицæн, мæн
ныууадзут! Кæд нæ фесæфин, дуне уæлгоммæ у æмæ дзы кæд мæ
иунæг сæры фаг æз дæр ссарин.
Цæугæ ныр æмæ зæгъ ме ’фсымæртæн дæр, дæ къæбылайæн
дæр: мæ кой — нал! Фæци! Сырдон сымахæй нал у, цы кæны,
куыд цæры, уый йæхи хъуыддаг у, сымахæй ницы домы, æрмæст
æй ныууадзут!
Гъе, æмæ хæрзрайсом у, уæздан æхсин!..
Сырдон фездæхт æмæ йæ халагъудмæ бацыд, йæ фæдыл пых-
сытæй дуар бахгæдта. Цыма æппæт зынтыл дæр фæуæлахиз, уыйау
йæхи æруагъта хуыссæны æмæ уайтагъд афынæй.
Сатана бирæ фæлæууыд æдзынæг, йæ цæстысыг бауромын йæ
бон нал уыди: ахæм састы бынаты фыццаг хатт баззад, — ницы йæ
бон уыд зæгъын, ницы саразæн ын уыд, Сырдоны фæндыл сра-
зыйæ дарддæр. Сырдоны æфхæрд уд тæригъæд у, уый йæ зæр-
дæйы кæрон дæр нæ уыд, фæлæ тыхджын кæй у, йемæ быцæуæй
кæй ницы рамбулдзæн, уый бамбæрста, æмæ йæ куыды сæр уый
уыди. Чысыл йæ маст куы ’рысысти, уæд сындæггай цъыфхостау
араст сæ хæдзармæ.
Сырдон уæдмæ фыны уыдта Зæринæйы...
Дыккаг хабар
нæн рунейып æнцой
1
Сырдон бирæ нæ афынæй кодта, фæлæ куы райхъал, уæд æм
афтæ каст, цыма йæ уæнгтæ ногдзыд сыфтæрæй рогдæр æмæ цард-
бæллондæр сты. Йæ зæрдæмæ ныхъхъуыста æмæ йыл уырдыгæй
та цыди цавæрдæр зарын. Цыдæр йæ риуы фæсгуыдыр, фæнды-
ры хъисау, ризæгау кодта æмæ дзы хъуысти зæрдæхцон хъæлæсы
иугъæдон зæл, рогбазыр тæхгæ зæл. Сырдон æй фæзмæгау акодта
æмæ йæ хъуырæй стахтысты цахæмдæр æнахуыр мыртæ: е-оо-ой!
Фатакуй йæ зæбул хъустæ фæгæмæл кодта æмæ айхъуыста, ома
ай та цы хабар уа?.. Ног та куы базарыд Сырдон, йæ сæр нæма
систа йæ нывæрзæнæй, афтæмæй, уæд Фатакуй йæхи систа йæ
раззаг къæхтыл æмæ скаст хуыссæнмæ. Сырдон цармæ нымдзаст
æмæ зарæгау кодта. «Фæдисы хабарæй дзы ницы ис», — загъта
Фатакуй æмæ та йæ даргъ хъустæ, æхсыры тылд хъолойы сыф-
тау, æрзæбул сты. Фатакуй сау-сауид куыдз уыди, æрмæст йæ
мукъутæ æмæ йæ хъусы тъæпæнтæ уыдысты урс.
Сырдон йæ зæрдæйы зарынмæ байхъуыста кæронмæ, стæй цыма
ныр райхъал, уыйау та йæ хъуыды æрыздæхт фыны фæливæнтæй
æцæг дунейы хабæрттæ æмæ сагъæстæм. Йæ хъуыдыйы сног зно-
ны æнахуыр фембæлд Арпаданы былгæрон... «Мæнæн фыд ис!..» —
уый уыд йæ фыццаг цины фæтъæбæртт, фæлæ стæй фефсæрмы
Сырдон ацы саби цинæй æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты фæ-
дзæхсты иыхæстæ: «Лæппу, ацы дунейыл алчи дæр хъуамæ йæхи
хъаруйæ æмæ йæхи зондæй цæра. Зонд æмæ удæй мæгуырдæр —
уый иууыл æнамонддæр æмæ тæригъæддагдæр цæрæгой уаид зæх-
хыл, Хуыцау дæ бахизæд уымæй!.. Æз дын радтон, мæ бон цы
уыд, уый — зондæй дæр, удæй дæр. Ныр дæ хъару æмæ дæхæдæг.
Цу æмæ цæр!.. Зонын æй, ис дæм зæрдæмийы фæндиаг. Ис дæ
зæрдæйы рæбын иу сылыстæджы æндæрг. Бар ын ратт æмæ су-
рæт фестдзæн, стæй æххæст фæлгонц, уды къалиу суыдзæн æмæ
85
дзы дæ цæст ма ис, дæ зæрдæ йыл макуы сив... Уый дæ ныв у...
«Цу æмæ цæр!..»
Сырдон цыма йæхи ирхæфсæгау кодта, афтæ зындысты йæ
митæ, фæлæ йæ мид-зæрды йæ хъуыды не ’нцади йæ сагъæстæй:
цы кæна, цæмæй райдайа? Æмæ ныллæууыд иу фæндыл: Алафарн-
мæ бацæуын хъæуы, Алæгатæй уымæй хуыздæр кæмæ бадзура,
уый йын ничи ис. Кæд не ’мбæла ахæм хабар, уæд та йын æй
сабыр бамбарын кæндзæни. Кæд уымæй исты ныфсы зонд рахæс-
са, уæд йæхæдæг дзурдзæн Зæринæимæ. Уый дæр мæхи хуызæн
иунæг у æмæ дзы гæды радзур-бадзур цæмæн хъæуы?.. Нæхицæй
тынгдæр ныл чи батыхса, ахæм нын ничи ис æмæ нæ хъуыддаг
искæй дзыхы цы ’фтауæм?
Ацы хъуыдыйæ рацыд Сырдон Алафарны хæдзармæ. Хур уæд-
мæ уæлейау систа йæхи æмæ Сырдон Алафарны хæдзары нал
æрцагуырдта, комкоммæ йæ хъуыраугæнæны балæууыд. Арфæтæ
куы ракодтой кæрæдзийæн, уæд æм Алафарны зæрдæ фæкъæпп
кодта:
— Цыдæр бæрæгбонгъуыз дæ, Сырдон, ацы райсом, цыма дыл
дысон дауджыты куывдмæ хонæг фембæлди, — хин цæстæй йæм
фæлгъауæг каст кæны Алафарн.
— Æмæ уæд цы диссаг у, дæ фыдæлтæн нæ зонын, фæлæ Æх-
сæртæггатæ рагæй дæр дауджытæ æмæ зæдтимæ æмхæрд-æмнозт
уыдысты, — æнæкъæрццæй дзуры уазæг.
— Æтт, Сырдон, уый дыл æмбисонд куы ’рцыди, фыдæлты
ныхас. Хæргæфс, дам, цасфæнды куы фæсира, уæддæр ын иу
ахæмы æнæ асæппгæнгæ нæй! Æхсæртæггатæ дæр афтæ сты, иууыл
зондджын сæ чи фæуа, уымæн дæр иу хатт æнæ раппæлгæ нæй йæ
мыггагæй, афтæмæй та минас æмæ симынæй дарддæр ницы басгуых-
тыстут. Цы зæгъыс, рæдийын, мыййаг? — фæлвары Алафарн.
— Уымæй раст зæгъыс, фæлæ нæ минасы дауджытæ дæр кæй
фæвæййынц, уый дæр раст у. Æниу уыдон дæр махау тыхы сæ-
рыл хæст æмæ гуыбындзæл: кæд ын хорз фæминас кæнай, уæд —
дæ фарс, науæд — де знаджы фарс... Уый дын нæ дауджытæ... —
нымайын райдыдта Сырдон æмæ фыццаг йæ зæрды уыцы кой
æппындæр нæ уыд, фæлæ йæ Алафарны уайдзæф бацагайдта.
Æрæджиау фæхатыд, йæ дзырд йе ’рбацыды нысанæй кæй фæип-
пæрд æмæ цæхгæр фæзылд. Æниу раст зæгъыс: æз дæр нæ мыг-
гаджы зондæй мацы рахастаин, уый гæнæн нæй. Гъе, фæлæ... Раст
мын зæгъ, хъуыраугæнджыты æлдар, уыцы æппæлой мыггагæй
иу лæппу дæ сиахс куы бауид, уæд тынг фæфæсмон кæнис?
Алафарн æлыгимæ архайын фæуагъта æмæ Сырдонæн къæр-
тамæ ацамыдта:
86
— Мæ къухтыл мын дон æркæн, лæппу, ахæм хъуыддагыл змæст
армæй ничи дзуры, фарны хъуыддаг у, — Сырдон райста къæрта
æмæ дон кæны, фæлæ йæ зæрдæ дзуры, цы сфæнд кодта ацы
хъуыраугæнæг, цы ма ивазы йæ ныхас?
Алафарн бæстон ныхсадта йæ къухтæ, фæсмын раздарæнæй сæ
асæрфга, стæй раздарæн феппæрста æмæ йæ тыхтæй тæрхæгыл
æрæвæрдта, æрбадт æртыкъахыг бандоныл æмæ афтæ бакодта:
— Æрбад-ма ды дæр, лæппу, æмæ дæ сусæг зарæг дзæбæх ра-
нывæнд, хæдзары нæ исчи куы бахъыгдара, æндæра уырдæм дæр
ацæуиккам, фынгыл кæнинаг бæргæ у ахæм ныхас, фæлæ йын ам
дæр ницы у...
Сырдон йæ цины равгæй фæиртæст. Ныр йæ ныхас хъуамæ
сæрæй райдайа, йæ мыггагæй кæй рахицæн дысонизæр, уый хъуа-
мæ радзура, æндæра йæхи къахæй усгур кæй æрбацыд, йæ мыгга-
гæй хатæг кæй не ’рбарвыста, уый йын куыд бамбарын кæндзæн!
Нæ фæнды уыдæттæ дзурын Сырдоны, ногæй та йæ зæрдæ
къаха, уый йæм зын кæсы, фæлæ йын цы гæнæн ис, Алафарнæн
æргом дзурын хъæуы æппæт, науæд æй фæхатдзæн, цыдæр дзы
кæй æмбæхсын æмæ фæхъыг уыдзæн, уый дæр æддийæутты дзу-
рыныл схæцдзæн. Нырхуым Сырдоны зæрдæ, афтæмæй райдыд-
та цыбыртæй дзурын:
— Мæ уарзон мыггаг мæ сæхиуыл кæй нæ нымайынц, уый ды
хорз зоныс. Мæ мадызæнæгæн дæр æз æрхæссæггаг кæй дæн,
уый дæр зоныс... Дысон мыл ныхасы Уырызмæг ахæм æфхæрды
зæй рауагъта æмæ мæ бон нал баци йæ бауромын. Загътон сын, цы
сты, уый дæр æмæ сæ абонæй фæстæмæ куыдзы хъуыды дæр кæй
нал кæндзынæн, мæхи зондæй кæй цæрдзынæн, уый дæр.
Ныр у, æмæ мæхи бæргæ рахицæн кодтон, фæлæ дарддæр куыд
цæрон, уый та мын ды бацамон... Иунæгæй, хъæды сырдау, æниу
уыдон дæр иунæджытæй нæ цæрынц, кæдмæ хъуамæ рауай-бауай
кæнон? Хæдзар мæнæн нæй, балцы, хæтæнты æз нæ цæуын, фос
æз нæ дарын, хуым æз никуы бакодтон... Цæмæй æмæ куыд цæ-
рон? Адæмы къæбæртæй цæрын мæныйас лæгæн худинаг у. Гъе,
æмæ сфæнд кодтон, мæ мыггаг дæлæсинæй цы Алæгатыл худы,
уыдон цард хъуамæ бафæлварон... Хуыцаумæ кувæг мæ нæ рауай-
дзæн, уый зонын, фæлæ зæххимæ архайын, сыджытæй мæ арм ахо-
рын бирæ уарзын, дæхæдæг мын æй схæлар кодтай уыцы æдылы-
дзинад, æмæ кæд уымæй мæхи фæдарин... Уæдæ цы кæнон? Æмæ
иугæр сымахыл мæхи ныхасын, уæд æххæст ныхæст, сымах дæр
мæ æрхæссæггагæй, науæд дзæгъæлдзу уазæгæй куыднæ тонат...
— Ома дæ нæ мадызæнæг рахонæм?
87
— Нæ, уе сиахс, — алыг кодта Сырдон.
— Æмæ дын уæд кæй хъуамæ сфыццаг кæнæм, и? — фæхудыз-
мæл Алафарны цæсгом æмæ Сырдон бамбæрста, æхсызгон ын
уыдысты йе ’ргом ныхæстæ.
— Кæй куы зæгьай, уæд уæ сидзæр чызджы, хъуыраугæнджы-
ты æлдар, — сфæрæзта Сырдон йæ фæнд раргом кæнын æмæ йын
фенцондæр. — Гъеныр фест ме ’лдар дæр æмæ мын мæ царды
фæнд дæхи армæй ныллыг кæн...
Бирæ фæхъуыды кодта Алафарн, цыдæртæ нымадта йæхими-
дæг, фæлæ сæ æргом нæма дзырдта. Сырдон хъавыд, уый цæуыл
дызæрдыг кæны, уыдæттæ рахатын, фæлæ ницы йæ зæрдæмæ хаста
æмæ æнхъæлмæ каст, кæд сдзурдзæн хъуыраугæнæг, уымæ.
— Цы дын æй æмбæхсон, æхсызгон мын у, ахæм фæнды фæ-
дыл мæм кæй æрбаулæфыдтæ, уый, фæлæ... Уый дæр дын цы
’мбæхсон, тæрсын æз дæ мыггаджы адæмæй. Уыдон, бирæгъау,
сæ маст зæнгыл нæ уадзынц. Маст дæм кæй хæсдзысты, уый та,
мæ армы цы æлыг феууæрдын, уыйау зонын. Нæ дæ ныууадздзыс-
ты уыдон æнцад-æнцой цæрын. Нæма хатынц, цы зонды лæг дæ.
Кæд Сатана. Фæлæ, куы базоной, ды махæн стыр ныфсы лæг кæй
дæ, уæд сæм хардзау æркæсдзæн æмæ дæ сæ маст исдзысты, цыма
дæ уыдон нæ расырдтой, уыдон дыл не суæлæхох сты, фæлæ сыл
ды систай дæ арм, ахæм хуызы бавдисдзысты хъуыддаг. Алы хуы-
зы дын маст кæндзысты, цæмæй сæм баздæхай фæстæмæ, махæн
мацы ахъаз уай. Сæхæдæг дыл уæддæр худдзысты, гæбæр Сырдо-
нæй дæ тондзысты, фæлæ мах та æнæ дæу æдыхдæр уыдзыстæм,
æмæ сæ фæндиаг уый уыдзæн. Иудзырдæй,де ’рвадæлтæй зын у
рахицæн...
Гъе, æмæ тæрсын, зын дын куы уа æмæ дын мах та ахъазхъом
куынæ фæуæм... Дæ тыхсты ма ноджы де ’ккой скæндзынæ Зæри-
нæйы маст дæр. Æмæ куыд фæраздзыстут афтæмæй? — йæхицæн
сагъæсгæнæгау дзуры Алафарн. — Мæ бон кæд исты уа, уæд уын
мæ сæрастæу дæр фæндаг, фæлæ...
— Æвæццæгæн, рæстытæ нымайыс, Алафарн, фæлæ уæдæ цы
кæнон? Мæнæн уыдонмæ фæцæуæн нал ис, ницы хуызы... Ныр
кæд сымахæн дæр исты фыдбылыз ис ме ’рбацыды, уæд мын кæд-
дæр иу лæппу зонгæ уыд уæйгуытæй, æмæ уыдонмæ фæхæсдзы-
нæн мæ сæр, æндæр хуыздæр ницы мæ зонд ахсы, — Алафарны
катайтæм нынкъард Сырдон æмæ та йе зноны мастæй айдзаг йæ
зæрдæ.
— Цæмæн зæгъыс, лæппу, æви мын ахæм ницæйаг æнхъæлыс?
Æви ам æлыгимæ мæ тæппудæй архайын? Иу бирæгъы фаг мæ
цармы зæронд дæр суыдзæн, фæлæ мæ дæ маст и, стæй Зæри-
88
нæйы... Фыццаг дæ мидæгмойæ тондзысты, уæхиуæттæ дæр æмæ
не ’дылытæ дæр, стæй уын сабитæ куы рацæуа, уæд та уыдон дæр
хæссын хъæудзæн. Сæ тас æмæ сæ фыдæбоны аргь не сты. Фæлæ
дзы мæ зондæй дæр хуыздæр ницы гæнæн ис... Цæй, æз разы
дæн, бирæгъы лæппын, цы ма дæ хъæуы? Æрмæст цæргæ хъуамæ
дæхи хæдзары кæнай: нæ уынгмæ дын мидæгмоймæ цæугæ нæу.
Иу агъуыст дæ хъæуы æмæ нырма фæрæтимæ архайын зонын,
исты амал дын скæндзынæн.
— Уый мæхи фæнд дæр афтæ у, уартæ мын хъæдгæрон, Арпа-
данмæ æввахс иу уисын къул ис æмæ уым цæрдзынæн, кæд мæ
бирæгътæ хæрдзысты, уæддæр мæхи къуымы, куыд никæй бар
мыл цæуа, куыд никæй фидис мæм хауа...
— Гъе, æмæ хуыздæр фæу. Уый мæ зæрдæмæ цæуы. Уæд ма
нын иу хъуыддаг ис æмæ уый дæр бакæнæм... Нæ сидзæрмæ Ар-
дагъуйæ æввахсдæр ничи ис тугæй æмæ уымæн æнæ бафæрсгæ
нæй. Æгъдау бакæнынæй махыл ницы æрцæудзæн, уымæн та æх-
сызгон уыдзæни: куырм лæджы дæр нымайынц, зæгъгæ.
— Дрдагъу? Æмæ... — фæрсæгау бакаст Сырдон Алафарнмæ. —
Нæ мæм кæсы афтæ. Йæ зæрдæ, чи зоны, нæ коммæ кæса, уæд-
дæр ды Уырызмæджы æфсымæр дæ, фæлæ йын ницы ’фсон и
«нæ» зæгъынæн, стæй æз дæр дæ фарс кæм дæн, уым ын тынг
сдзурыны фадат дæр нæй.
— Дæ дзырд фод, фæлæ мæ нæ уырны, нæ йæ бафæнддзæн...
— Уый бæрц йæ бар нæ цæуы чызгыл дæр. Мах хæстæг стæм
хатт æрхъуыды кæнæм. Ардагъу дæр цалынмæ хæтæнты цæуын-
хъом уыди, уæдмæ никуы ницæмæй барæвдыдта йæ сидзæры æмæ
ма йыл ныр йæхи мæтгæнæг скæна, уый йæ цæсгом нæ бахъæц-
дзæни мæ цуры, фæлæ цом.
Дуармæ куы рахызтысты, уæд сыл бæгъатыр йæхæдæг хæр-
хæмбæлд фæци. Уый сахуыр Алафарнмæ йæхи къахæй цæуын,
фæндаджы бæрджытæ дзæбæх бахъуыды кодта æмæ йæм цыди
йæ болат лæдзæджы æххуысæй, уымæй йæ развæндаг сгаргæйæ.
Ныр дæр йæ лæдзæджы къупп-къупп æрбайхъуысти кæрты фæс-
дуар сисрæбынæй. Алафарн банхъæлмæ каст, цалынмæ дуарæй
æрбахызт, уæдмæ, стæй йæм рауад:
— Мидæмæ, мидæмæ, уæйыг, æз ма дæм мæхæдæг цæуинаг
уыдтæн.
— Уагæры дæ æз та цæмæн бахъуыдтæн? Хъуырау аразынмæ
æз дæсны никуы уыдтæн, ницы дын бауынаффæ у мæ бон, —
æрбацыд Алафарнмæ комкоммæ æмæ йын раарфæ кодта.
— Мæнæ Сырдон дæр мæ цуры ис, — ацамыдта Алафарн.
— Æ, мæ хосгæнæг, дæ райсом хорз дæуæн дæр, — йæ къух æм
89
бадардта. — Фæлæуу-ма, афтæ куы дзырдтой де ’фсымæртæ, Сыр-
дон тæрхъусæй æдыхдæр у, уæд дын цæй фидар арм ис? — цымы-
дисæй бафарста Ардагъу.
— Цы кæнон, бæгъатыр, мæгуыр лæгæн ницы фидауы, йæ цонг
ставд куы вæййы, уæддæр афтæ фæзæгъынц, уый, дам, рæсигæ
скодта...
Ардагъу зæрдиагæй ныххудти:
— Уый æцæг афтæ у, фæлæ уæддæр фæздæг кæцæй цæуа, уым
зынгæн æнæ уæвгæ нæ вæййы.
— Чи зоны, раст зæгъыс зынджы тыххæй, фæлæ дын, мыййаг,
исчи æппæлыд нæртон фæсивæдæй: æз Сырдоны фæнадтон кæнæ
абырстон? — фæрсы Сырдон.
— Мæнг нæ зæгъдзынæн, уый никæмæй фехъуыстон, — басаст
Ардагъу.
— Æмæ йæ уæдæ куыд базыдтой, тæрхъус дæн æви арс?
Ардагъу фæхъуыдыйыл, стæй йæхæдæг бафарста:
— Бырсгæ дæ æз дæр никуы акодтон, фæлæ уый тыххæй мæ-
нæй дæр тыхджындæр дæ?
— Æмæ дæуыл уæйгуытæ куы нæ тых кæнынц, бæгъатыр, уæд
мæнæй уый цæмæн домыс? Стæй дыл иннæтæй чи фæтых ис Нар-
ты уæзæгыл? — йæ зæрдæ йын æлхæны Сырдон.
— Тых ничи, æцæгдæр. Куы-иу мыл авварс сты лæппутæ, уæд-
иу мæ, æцæг, сæ быны æркодтой фæндзгæйттæй, фæлæ-иу сæ
дыгæйттæй мæхæдæг æрæссæстон, мæ фыдыстæн, — зæрдиагæй
мысы Ардагъу æмæ бахъæлдзæг. — Хæтæнты дæр бирæ фæцыд-
тæн, федтон тыхджын лæгты, фæлæ дзы лæгæй-лæгмæ никуы
никæмæй фæтарстæн... Тых Хуыцауы лæвар у æмæ алкæмæ нæй!..
— Тых Хуыцауы лæвар у, уымæй раст зæгъыс, Ардагъу, фæлæ
дзы Хуыцау алкæмæн дæр радта, — бацагайдта та йæ Сырдон.
— Дæ хорзæхæй, мæ хосгæнæг, æввахсдæр ма мæм æрбацу,
цæстæй нæ уынын, фæлæ дæ армæй æрысгарон, — фæсидт æм
Ардагъу.
Сырдоны нæ фæндыд, ныхас уыцырдæм куы ауылæн кодтаид,
фæлæ йын гæнæн нал уыд. Ныр ма бацу бæгъатыры къухтæм,
уæд æй æцæг тæппуд фæхондзæни йæ мид-зæрдæйы, уыцы æндон
дзæмбытæм дæхи къахæй бацу, уый дæр мæнæ бæллиццаг нæ каст
Сырдонмæ. Уæддæр йæхи нал басаста æмæ æввахс бацыд йæ раз-
мæ. Ардагъу йыл йæ къухтæ æрхаста — асæй Сырдон ныллæгдæр
уыд æмæ йæ уæхсчытæй ронбастмæ æрæсгæрста.
’— Ай, æцæг, иууыл тыхы къуыбар куы дæ æмæ дæ æз куы нæ
зыдтон, цæрæнбонты дæ уыцы фæсмын уæлæфтауы уыдтон, дæ
цæнгтæ дæр цæйдæр цæнгдыстæй æмбæхстай æмæ дæ цæмæй ба-
90
зыдтаин, — загъта цингъуызæй Ардагъу æмæ æвцппайды Сырдо-
ны йæ хъæбысы æрбакодта арсау. Æрбалхъывтытæ йæ кодта, стæй
йыл афæлвæрдта уæлæмæ сисын, фæлæ йæ уæд Сырдон дæр æр-
бассывта йæхимæ æмæ йын сисын нæ бауагъта йæхи.
— Уæллæй, лæг дæ, Сырдон. Мæ дзæмбытæм нырма ахæм
фидар ничи æрхауд, — цин кæны куырм бæгъатыр. Уый лæджы
миниуджытæй иууыл стырдæр æмæ хуыздæрыл нымайы — тых,
æмæ иугæр Сырдон æдых нæу, уæд йæ цæсты хорз лæгыл нымад
æрцыд æвиппайды, нырмæ та йæ хуымæтæджы хъилхъус æнхъæл
уыди. Йæ раздæры æнхъæлцау мæнг кæй разынд, ууыл цины
аныгъуылд æмæ йæ хъуыдыйы дæр нал уыди, уæдæ ма ныры онг
иннæтæ цæмæн афтæ дзырдтой, уый базонын. Æрмæст не ’мбæрс-
та, ахæм тых кæмæ ис, уый йемæ кæнæ йæхæдæг хæтæнты цæ-
уылнæ цыди. Ахæм уæйыг лæппу фатæй æмæ цирхъæй ма сарæх-
са, уый йæ уырнгæ дæр нæ кодта æмæ йæ дисы хабар фергом.
— Дæ хорзæхæй, Сырдон, — йе ’мсæр лæджы дзырд æм рай-
дыдта Ардагъу æмæ Сырдон йæхимидæг бацин кодта, кæд сразы
уаид. — Иу хъуыддаг ма мæ ма басусæг кæн — балцы цæуылнæ
цыдтæ? — æмæ дын мæнæ ме ’фсæйнаг лæдзæг балæвар кæндзы-
нæн. Æрмæст æй дæ къухы хæсс æмæ ноджы суæйыг уай, мæнæн
та рогдæр исты ссар, науæд иуæй зын хæссæн у, иннæмæй та лæг
рамæсты дæр зоны æмæ дзы искæй стуры кæнæ куыдзы куы ра-
цæвон, уæд масты хай бауыдзынæн.
Сырдон ацы фарстмæ рагæй æнхъæлмæ каст алкæмæй дæр,
уæлдайдæр та Ардагъуйы хуызæн тыхджын æмæ æнæрхъуыдыйæ
балцмондаг, йæ тых сфæлварын цинау кæмæ кæсы, ахæм лæгтæй.
Ардагъу йæ зæрдæмæ рагæй цыдис, æнæхин æмæ хæларзæрдæ
кæй уыд, стæй балцы дæр фылдæр йæ тых равдисыны фæдыл кæй
цыдис, фæллой дзы кæй нæ агуырдта, уый тыххæй. Æмæ йын
сфæнд кодта йæ зæрдæбын ныхас зæгъын.
— Бадгæ æркæнут, уæ хорзæхæй, — бандæттæ æрдавта æмæ
сæ æрбадын кодта фæрсæй-фæрстæм, — æмæ уæд дзурдзыстæм.
Æцæг мæм, Ардагъу, ды уæззау хабар æрбадзырдтай. Раст дын
куы зæгъон, уæд мæм, мыййаг, куы фæхъыг уай, уымæй тæрсын.
Исты аив æфсæнттæ дын скæнин æмæ мыл дæ зæрдæ куы фæху-
да. Кæд мын дзырд дæттыс, мæ дзырд дæм хардзау нæ фæкæс-
дзæн, уæд дын раст зæгъдзынæн, науæд фæлтау ныууадзæм нæ
ныхас...
— Уый та цæмæн зæгъыс, растæй хуыздæр цы ис? Калм уый
тыххæй мæ удхæссæг куы у æмæ æдзух къæдз-мæдзытæ кæй кæны, —
бахудт йæхи ныхасы аивыл Ардагъу.
— Уæдæ дын раст куы зæгъон, уæд мæм хорз нæ кæсы балцы
91
цæуын. Тыхæй æххæст лæгты æз дæр уарзын, мæхæдæг куы уаин
тыхджын, уый дæр мæ фæнды, фæлæ, чи кæуыл тых кæна, уый
куы мара, куы стигъа, куыдзы къахæй йæ куы нæма, уæд мæм
уый хорз нæ кæсы, — райдыдта Сырдон. — Æз мæ чысылæй фæс-
тæмæ хъæды арæх зилаг уыдтæн æмæ кастæн сырдты цардмæ.
Уыдон раст афтæ кæнынц: чи кæуыл тых у, уый нæмы, мары,
хæры. Арс æппæтæй тыхджындæр у æмæ иннæты хъыгдары. Кæй
нæмгæ, кæй хæргæ, кæмæн йæ хай исгæ — афтæ у йæ цард. Афтæ
кæны бирæгъ дæр, рувас дæр. Иу тæрхъус дзы никæй бырсы æмæ
се ’ппæтæй дæр йæхи æмбæхсы, фæлæ йыл уæддæр алчидæр йæ
тых æвзары, суанг ма карчы цъиутæ чи хæссы, уыцы цæргæс дæр...
Æмæ иу хатт федтон, сфæлмæцыд йæ цардæй мæгуыр тæр-
хъус, нал фæрæзта æдзух тæрсын æмæ æмбæхсынæй... Сфæнд
кодта йæхи доны баппарын. Йæ амондæн донгæрон былыл бадти
хæфс æмæ йæ куы ауыдта, уæд фæтарст æмæ доны арфмæ ныг-
гæпп кодта. Уæд тæрхъус фæхъуыдыйыл: «Ай, бынтон æдылы
куы дæн: иугæр ма зæххыл, мæнæй чи тæрсы, ахæм æнамондтæ
дæр ис, уæд æз мæхи доны цæуыл æппарын?» Æмæ раздæхти йе
’мбæхсæн къутæры бынмæ...
— Ха-ха-ха! — зæрдиагæй ныххудти Ардагъу. — Уый мысгæ
æркодтай, æвæдза, фæлæ хорз у, иугæр мæнæй дæр исчи тæрсы,
уæд мæхи нæ марын! Раст у, уæллæй! Сырдтæ æцæг афтæ сты, чи
кæуыл тых кæны, уый æддæмæ ракæсын нæ уадзы...
— Гъе, æмæ тæрхон дæхæдæг фæу, æз адæймаг куы дæн, Хуы-
цауы рафæлдисон, зонд æмæ мын зæрдæ куы радта, уæд искæй
куыд марон мæ гуыбыны хардзыл? Сырды цард мæ сæрмæ куыд
хæссон? Искæй фос куыд исон физонæджы тыххæй? Мæхæдæг
лæг куы дæн, уæд иу фысы фаг кæрдæг ссарынæн нæ дæн æви
арсау тыхæй архайон? Æмæ ма мын уæд зонд цæмæн радта мæ
рафæлдисæг? Науæд сырдтæй цæмæй хицæн кæнын? Мурдæр
ницæмæй... Гъе, æмæ, Ардагъу, æз сырды цард мæ сæрмæ не схас-
тон. Уый дын мæ тæрхъусы нысан æмæ аххосаг. Ныр мæ кæд ме
’фсымæртæ тæппуд æмæ æнæбонæй тонынц, уæддæр цы кæнон?
Æрмæст сæ нырма никуы никæмæ бацыдтæн нæдæр зондагур,
нæдæр тыхагур, нæдæр арæхстдзинады фæдыл. Кæд мæ гуыбыны
хардзы тыххæй лæгмæ марæн кард нæ исын, уый худинаг у, уæд
мыл худæнт... Фæлæ уыдон зондыл уæддæр никуы ацæудзынæн.
Сырдон банцад æмæ иннæтæ та хъуыдыйыл фесты. Æрæджиау
Ардагъу йæхи нал баурæдта:
— Дæумæ гæсгæ мах балцытæ дæр дзæгъæлы уыдысты, сырд-
ты митæ кодтам æз дæр æмæ де ’фсымæр Уырызмæг дæр æд фæ-
сивæд?
92
— Хъыг дын ма уæд, фæлæ мæнмæ афтæ кæсы... Æз ме ’фсы-
мæртæй дæр уымæн рахицæн дæн, худгæ дæр мыл, æвæццæгæн,
уымæн кæнынц — тæппуд, гæбæр, тæрхъус!.. — æрхуымæй ны-
майы Сырдон.
— Æмæ цы, бæстон куы ахъуыды кæнай, уæд æцæг афтæ цæуы —
сырдты цард... Фæлæ адæм иууылдæр афтæ нæ кæнынц æмæ æз
дæр цы кодтаин, худинаг, дам, у æдых лæппуйæн хæдзары ба-
дын, зæхх змæнтын, хъамылы хуыйау, фосы фæдыл хъеллау кæ-
нын!.. Æниу дзы, æцæг, цы ис худинагæй? Кæд йæ хæрын, искæ-
мæй йæ тыхæй исын нæу худинаг, уæд æй дæхи армæй куы схæс-
сай, уæд цæмæн у худинаг? Уæллæй, Сырдон, ам дæр та раст
разындтæ æмæ дын мæ лæдзæгæн æнæратгæ нал и, уæддæр дын
хосгæнæггаг дæр ницы фæдæн, æнхъæл дæн, бузныг дæр дын нæ
загътон. Æцæг мын ацы зонд раздæр куы загътаис, уæд мыл, чи
зоны, ацы фыдбылыз дæр не ’рцыдаид... Æниу цы бæрæг и, мæнæ
ныр мæ зæрдыл æрлæууыд фыдæлты æмбисонд: гуымиры тыхæн
рæстаг зонд куынæ уа йæ аразæг, уæд фыдбылызы сæдзы адæй-
маг! Ай-ай, раст у, фæлæ раздæр мæ зæрдыл никуы æрлæууыд...
Нæ, раст дзурыс, мæ хорз æрвад, æмæ дын мæ лæдзæгæн æнæ-
ратгæ нал и.
— Лæдзæгыл нæ аирвæздзынæ, бæгъатыр, нæ! — бадзырдта
йæм Алафарн. — Лæппу лæдзæгæй цы кæны, уый чызгагур фæ-
цæуы, чызг!..
— Æмæ уый дæр цæуылнæ, фæлæ махмæ цæй чызг и, стæй —
Сырдоны аккаг?
— Аккаг у æви нæу, уый лæппу йæхæдæг февзары. Фæлæ дын
æй цы ’мбæхсон, Сырдонимæ дæм цæуинаг уымæн уыдыстæм, нæ
сидзæр чызджы нын агуры зæрдæйæ æмæ æз сразы дæн. Ды ма
куы радтай фæндоны дзырд, уæд чындзæхсæв иумæ бахæрдзыс-
тæм, — цыма Ардагъу куырм нæ, фæлæ къуырма уыди, уыйау ын
хъæрæй ранывæзта Алафарн.
— Уæллæй, цы зæгъон, а? — фæсагъæсыл уæйыг. — Сырдон
мæ зæрдæмæ кæй фæцыд, уый йын загътон æмæ ма мæ дзырд
фæстæмæ куыд исон? Кæд афтæ у, кæд нæ чызджы фæндæй ис
ам лæппу, уæд ын æз дæр «нæ» куыд зæгъон?.. Стæй йын иугæр
мæ лæдзæг дæдтын, уæд дзы уадз æмæ мæ хойы хъахъхъæнæг
фод!.. Дæ къæбæр ахауа æмæ дæ къусмæ! Сырдон куы зæгъы,
афтæмæй лæгæн сфæлдисæг тых æмæ зонд марынæн æмæ стигъы-
нæн нæ радта, фæлæ лæджы уæддæр тыхы сæр бахъæуы. Сыр-
дæн ма йæ лæппынмæ фæцагай, кæддæра дын цы бакæнид!.. Æмæ
уæдæ лæг йæхи дæр æмæ йæ лæппынты дæр тыхы раз æфхæрдмæ
куыд хъуамæ радта? Нæ, Сырдон, тых хъæуы лæджы æнæмæнг!
93
Æмæ-иу ахæм рæстæджы мæ ныхас æрымыс, мæ лæдзæг та-иу дæ
арммæ райс! Уый дын мæ фæдзæхст, ныр ме сиахс кæм уыдзынæ,
уым дæм уæндын, мæнæй дæр иу зонд куы айсай, уæд мæгуыр-
дæр нæ фæуыдзынæ, стæй мæ кæд гуымиры тых дæр нал æнхъæ-
лис, и? — йæ цæсгом æм фæзылдта цингъуызæй.
— Бузныг дæ зондæй дæр æмæ дæ лæварæй дæр! — къæмдзæс-
тыгæй æмæ райгонд зæрдæйæ загъта Сырдон æмæ та йæ риуы
къусæй сыхъуыст райсомы зарæг, фæлæ йын ныр бахъырнын нæ
бауæндыд.
2
Сырдон хæдзар кæныныл сси. Йæ фыдимæ ныхасы фæстæ йæ
зæрдæйæ цы зарæг хъуыст, уый дзы нал рох кодта, æмæ йæм
афтæ касти, цыма йæм уый сиды цæрынмæ, зæрдæхцон цард ара-
зынмæ, цыма йæ царды, æмæ, чи зоны, дунейы царды дæр, рай-
дыдта цыдæр æвæджиауы дуг, нырмæ чи нæ уыд зæххыл, ахæм.
Иугæр афтæ у, уæд Сырдон йæ тых æмæ йæ зонд сарæзта, нырма
йæ цæстытыл фæливæны хуызы чи уад, уыцы цард нывæндынмæ.
Уалдзæг кæм ралæууыд, уым Сырдон йæ фыццаг хъуыддагыл
нымадта хуым бакæнын. Зæринæйы хуымы гæппæлтæ бахсæстой,
фæлæ Зæринæйæн гал нæ уыд, Сырдонæн та æппындæр ницы
уыд. Хуым-иу кодта алы уалдзæг дæр, фæлæ искæмæн, дзывыры
къæдзыл хæцæгæй. Никуы йæ уыд нæдæр галы маст, нæдæр дзы-
выр æмæ къахæнтæ ссарыны мæт. Ныр хæдзаргæнæг лæджы ба-
хъуыд æппæтдæр — Сырдоны фæндыд, йæхæдæг куы бакæнид ал-
цыдæр, искæмæ æнхъæлцау куы нæ уаид, куы ничи йæм ницы бар
дарид. Æмæ ныффæнд кодта Бурæфæрныгæй галтæ балхæнын...
Бурæфæрныг, бæрзонд æмæ тыхджын лæг, уонгджын, фæлæ
æлвæст, йæ фыдджын цæсгомыл хорз фидыдтой бур æлвыд зачъ-
етæ æмæ бæзджын, зæбул рихитæ. Хъуынджын æрфгуыты бынæй
цымыдис каст кодтой стыр сæгъдзæстытæ. Бонджын æмæ нымад
лæг уыд Бурæфæрныг нæртон адæммæ. Хуымтæ — бирæ, фос —
æнæнымæц. Æппæтæй ифтонг уыди Бурæфæрныг. Йæ фосы фæ-
дыл цыдысты æххуырст фыййæуттæ, фæлæ сæ раздзог уыди йæ
хистæр лæппу, искæуыл не ’ууæндыд хъуынджын Бурæфæрныг.
Зыдта йæ, йæ лæппу куыд бамæт кæна фосыл, афтæ ничи. Ноджы
ма уый дæр нымадта, æмæ лæппу кæд нырма йæ тыхы нæ бацыд,
уæддæр рæзти тыхджын æмæ барджын лæгæй. Афтæ куы ахæсса,
уæд ын йæ рæстæджы ус æркæндзæн Бурæфæрныг æмæ йын йæ
бар бакæндзæн æппæт фæллой. Йæхæдæг фыййауæй чи бавзара,
уый зондзæн, фосмæ куыд зилын хъæуы, кæм сты хуыздæр хи-
94
зæнтæ, сырд æмæ сæ хуыснæгæй куыд бахъахъхъæнын хъæуы...
Æмæ йæм йæ зæрдæ нал æхсайдзæн, хæдзары хъуыддæгтæ, хуым-
зæххы хабæрттæ та уæд йæхимæ райсдзæн — уæдмæ фосы фæдыл
рахау-бахауæн фæуæззау уыдзæн æмæ йын бынаты уæвын æн-
цондæр æмæ аивдæр рауайдзæн.
Иу райсом æм Сырдон куы бадзырдта кæртæй, уæд Бурæфæр-
ныг афтæ фенхъæлдта, зæгъгæ, йæ фыстæм æрбацыд аскъæрын-
мæ æмæ йæхинымæр бахудæгау кодта: «Рагæй дæр зондæй æх-
хæст нæ уыдысты ацы Æхсртæггаты фæсивæд, æниу сæ зæронд
лæгтæ дæр хуыздæйраг не сты... Исчи ма ацафон фысты хъæуы
агуры, фос сæрддон дарæнтæм раджы аивгъуыдтой».
Сырдон дардыл нæ нывæста йæ ныхас, уый комкоммæ загъта
Бурæфæрныгæн: рауæй мын кæн дыууæ галы, хæдзаргæнæг дæн
æмæ æнæгалæй фæцæрæн нæй, дæхæдæг зоныс, дæумæ бирæ ис
уæныг галтæ æмæ мын дзы дыууæ дæ цæст бауарзæд, аргъыл нæ
фæдзурдзыстæм, кæд дæ фæнды æрмгуыстæй дын сæ бафиддзы-
нæн, уый нæй, уæд та фосæй, науæд хорæй. Æниу сæ иуæй дæр
цух нæ дæ, фæлæ ис исы нæ мары...
Бурæфæрныг тæбынг æхсæдгæ рацыд йæ размæ, мидæмæ йæ
хуыдта, фæлæ Сырдон куы нæ сразы, уæд æй йæ фарсмæ æрбадын
кодта кæрты иу кæрон фæхсбандоныл. Бурæфæрныг зыдта, Сыр-
дон йæ мыггагæй, йе ’фсымæртæй кæй рахицæн æмæ йын æхсыз-
гон уыди. Иуæй ног кусæг бафтыд зæххыл æмæ йæ зыдта, раджы
уа-æрæджы, уæддæр йæ фæндаг Бурæфæрныгыл цæудзæн. Æмæ
та дунейыл бафтдзæн иу лæг, Бурæфæрныгæй исты æнхъæл чи уа,
дæлейæ йæм уæлæмæ чи кæса, ахæм. Дыккаг æхсызгон та йын
уымæн уыд, æмæ Бурæфæрныджы зæрдæйы рагæй ис иу маст: йæ
рæсугъд усмæ йын фæныхылдта нæртон Хæмыц, архъызы дæнда-
джы хицау... Хæфсы хуызæн лæг, фыдуынд æмæ зылынцæст, фæлæ
йæм ис уыцы æнæхайыры дæндаг æмæ йæ сылгоймагмæ бавдыста,
уæд батайы, митау — хуры хъарммæ. Бурæфæрныг лæгæй-лæгмæ
бæргæ æркæрдид Хæмыцы уæнгтæ, фæлæ — йæ тыхджын æрва-
дæлтæ!.. Фыдадæм! Уыдонимæ хæцгæйæ нæу... Истæуыл æм куы
фæхъызой, уæд æм сæхæдæг куынæ бавналой, уæддæр ыл сæхи
хуызæн дзæгъæлдзуты сардаудзысты, йæ рæгъæуттæ йын фæтæр-
дзысты æмæ стæй ацу æмæ тæвд къæйтыл каф! Ныр сæ Сырдон
кæй рахицæн, уымæй йын йæ зæрдæйыл сойуадзæгау фæци: се
’хсæн цыдæр фыдæх ис æмæ уыйадыл Сырдон дæр йæ фарсхæцæг
уыдзæн... «Æррæвдауын æй хъæуы, ахæм лæг æнæмæнг исты ахъаз
фæуыдзæн мæ дардыл фæндтæн. Куы бахъæуа, уæд мын кусæг
уæддæр уыдзæн. Йæ зæрдæ балхæнынæн та бирæ ницы хъæуы...»
— Мæ хорз æфсымæр, мах иу адæм, иу Нарт стæм æмæ хъуа-
95
мæ кæрæдзийыл хæцæм, уæлдайдæр сæрбахъуыды рæстæджы.
Æмæ æз дæуæн ницы бацауæрддзынæн... Ноджы мæм хуыздæр
та уый кæсы, æмæ ды дæр, адæмы фылдæрау, балцы фыдмитыл
кæй нæ ныллæууыдтæ, зæххы куыстмæ кæй райстай дæ арм. Бирæ
дын ницы мæ бон у, фæлæ дын иу гал мæ лæвар фод, иннæ дæр
дын бирæ не слæудзæни, хуым кæнынмæ мæм фæкæс дыууæ къуы-
рийы æмæ гал дæу фод. Афтæмæй, мæ хæдзар, æвиппайды цæрæг
лæгæй агæпп кодтай! Æд гал, æд дзывыр лæг цæрæг лæгыл нымад у,
мæ хæдзар, уæдæ циу. Æмæ, æгайтма, мæ фарсмæ дæ хуызæн лæг
цæрын куы фæраза, уæд мæнæн дæр æнцондæр уыдзæн, ай-ай...
Сырдон фестад æмæ уырдыг ныллæууыд. Иæ зæрдæ барухс
Бурæфæрныджы лæварæй, фæлæ цы баст ис ацы æлхъывд лæджы
рæдау мийыл, уый бæстон нæ хатыд æмæ йæ уый тыхсын кодта.
— Хуыцауы стырдæр арфæ дыл сæмбæлæд, Бурæфæрныг,
фæлæ мын дыккаг гал уæддæр уæй куы ракæнис, хуым кæнынмæ
дæм æз æнæуый дæр фæкæсдзынæн...
— Нæ, нæ! Цытæ дзурыс! Æз дын куы загътон, иу гал дын
лæвар. Дæ цардаразыны райдиан дæ æмæ дын баххуыс æмбæлы.
Дыккагмæ мын иучысыл аххуыс кæн.
— Ноджыдæр стыр бузныг, дæ хорз дын ницæмæй бафиддзы-
нæн, фæлæ дын æй мæ зæрдыл дардзынæн! — зæрдиагæй загъта
Сырдон æмæ йын йæ къухыл дыууæ къухæй ныххæцыд. — Хæрз-
райсом уал рау. Галтæм сом æрбацæудзынæн.
Сырдоны цыдæр уынгæг кодта, кæрты ма куы уыди, уæддæр,
фæлæ йæ нæ рахатыд, йæхимæ хъусынмæ йæ не ’вдæлд — галæл-
хæнæг бацыд. Ныр иунæгæй куы аззад, уæд ныссагъæс кодта: цы
мыл фæзæрдейæ ацы лæг, æнæхъуаджы нæ уыдзæн... Хæмыцмæ
хæрам кæй у, уый Сырдон зыдта æмæ дзы галтæн рауæй æнхъæл
дæр нæ уыд, уый та йын сæ лæвар ракодта... Де знаджы знаг — дæ
хæлар! Ацы хъуыды йæм æнæмæнг уыдзæн. Фæлæ æрмæст уый?
Диссаг, цымæ хæдзаргæнæг æдылы дæр свæййы?.. Куы бадзырд-
тон хæдзармæ, уæд кæрты фондз хъыхъхъаг куыдзы сæ сæрыл
систой бæстæ. Фысымы бирæ сывæллæттæ куыд чысылæй æддæ-
мæ гæппытæ кодтой æмæ та-иу уайтагъд фæмидæгæй сты, дзургæ
сæ ничи ницы скодта. Уый фысымы фæдзæхст уыдзæн æнæмæнг.
Хорз фæтк куы сæвæрдта йæ бинонтæн Бурæфæрныг!.. Уырыз-
мæг нæ мыггаджы фæсивæдæн цы аразы йæхицæй, уымæй фыд-
дæр фæци йæ бинонты ’хсæн... Куы бадтыстæм, уæд дзы иу дæр
нал ракаст дуарæй, сæ кæстæр ма рауад, йæ фыды хъæбысмæ
кæугæ сбырыд, фæлæ йын уый йæ фындз мæсты сæрфт акодта
æмæ йæ стæй атардта... Цыдæр зæндтæ дæр ма мын куы амыдта:
дæхицæн куы ницы уа, уæд дын ничи ратдзæн еууы нæмыг дæр!..
96
Хорз зондыл куы фæхæст мæ хорз æфсымæр!.. Æвæццæгæн, мæн-
мæ дæр цыдæр ис, æндæра цы фæрæдау уыцы зондæй?..Мæ ку-
сæн къухтæ!.. Æмæ дыууæ къуырийы куыст цас у?.. Фæлæуу-ма,
æмæ дæм уый фæстæ искуы куы баулæфа, аххуыс мын кæн, уæд
ын нæ бакоммæ кæсдзынæ?.. Хинæйдзаг хæрæг куы у, æмæ йæ
æз æдылы куы æнхъæлдтон?.. Лæварæн æнæисгæ нæй, фæлæ
дзы нырæй фæстæмæ хи иппæрд дарын бахъæудзæн... Борæтæ
дæр цыма Æхсæртæггатæй æнæхиндæр не сты...
Сырдон бахæццæ Армимазы куырдадзмæ. Мидæгæй чысыл дзæ-
буджы къуырццытæ хъуысти æмæ Сырдон базыдта: иунæгæй кусы
Армимаз. Мидæмæ бацыд æмæ дзы æцæг ничи разынд, æрмæст
куырды кæстæр лæппу куынцы къухыл сындæггай æрхæц-æрхæц
кодта.
— Байриай, нæ дарæг! — загъта Сырдон æмæ дыууæ лæджы
кæрæдзимæ бахудтысты.
— Куыд æнхъæл дын уыдтæн, ахæм хорз лæг нæ рацыдтæ, ме
’фсымæр! — хъазгæмхасæн уайдзæф бакодта Армимаз.
— Исты фæрæдыдтæн, мыййаг? — цымыдисæй бакаст Сырдон
куырды цæстытæм, ома цы баст и дæ ныхæсты дымæгыл.
— Искуы ма нæ, де ’рвадæлты хуыздæры дæ чындзæхсæвмæ
ма фæхон, уый рæдыд нæу, уæдæ циу? — дзуры Армимаз. — Æви
мæнмæ дæр истæуыл хæрам дæ?
— Уый мæ рæдыд нæу, дамгæнджыты рæдыд у, æндæра дзы
чындзæхсæв нæма уыди, — худгæ йæм дзуры Сырдон. — Чын-
дзæхсæвæн истытæ хъæуы, истытæн — кусын, хуым кæнын, фос
дарын, тохъылтæ нард кæнын æмæ æз хуым кæд мæ къухы ных-
тæй бакæнон, æндæр мын ницы ис. Иу æфсæн мын загътай æмæ
мæ уымæй дæр фæсайдтай, — ныр та Сырдон фæци уайдзæфхъом.
— Уый та куыд фæсайдтон? Æз ма дын дзывырæн йæхи дæр
куы сарæзтон, бонвыддæр, уæд кæм фесæфтæ нырмæ? Цæттæ —
дæ дзывыр дæр æмæ ма де ’фсондз, де ’хсæнгарз дæр. Мæ дæлба-
зыр æвæрд сты, фæлæ дзы кæд де ’фсины сифтындзай, æндæр
дын цæй гал и?.. — æнкъардæй нымайы Армимаз, раст цыма йæхи
цардыл мæт кæны, уыйау.
Сырдон фæджих: ай адæм хорз куы сты æмæ сæ æз бынтон
фыдвæтк куы ’нхъæлдтон. Йæ зæрдæ суынгæг æмæ дзурын ницы-
уал сфæрæзта, йæхи къуымтæм кæсæг скодта. Куы ’рсабыр йæ
зæрдæ, уæд разылд Армимазмæ:
— Хуыцау дын балæггад кæнæд, Уастырджи фод дæ хуымгæ-
нæг, Уацилла — дæ тауæг, Æфсати — дæ хуымласæг!..
Ноджы ма цыдæр арфæтæ фæндыд Сырдоны, фæлæ йæм Ар-
мимаз фæраздæр:
7 Сырдопы цæссыгтæ
97
— Уыдон мæнæн ницы бакусдзысты, фæлæ дæхи куы ’вдæла
искуы, уæд-иу мæм фæкæс, уый йеддæмæ Хуыцаумæ æнхъæлмæ-
гæсæгæй саг æнæдымæг баззад.
— Цалынмæ мæ цонг сисынхъом уон, уæдмæ дын мæ сæрастæу
фæндаг, Армимаз. Кусæг дын æз, æфсæйнаг хойынмæ рæвдз дæн,
худын дæ кæндзынæн, цумайæн дын бæздзынæн, бæхджын лæ-
гæй тагъддæр дæн, æндæр мæ мацæуыл бадом. — Ныр та Сырдон
йæ зæрдæйы зарæг айхъуыста æмæ срог сты йæ ныхæстæ дæр, йæ
митæ дæр, йæ уæнгтæ дæр. — Кæд дæ фæнды, ме уæхсчытыл дæ
хæсдзынæн, афтæмæй дын дзывыр дардзынæн, æрмæст мын гал-
тыл «æйс» хъæр кæн, æндæр дæ ницы сæр бахъæудзæн!
— Мæн хæссыны бæсты дæлæ дæлбазырæй дæ дзывыр æмæ де
’фсондз райс æмæ сæ фæхæсс уæхимæ, кæд сæ афæразай, уæд, —
уый та дын мæ зонд.
— Цæуын, тæхын! — фæзылд Сырдон. — Бузныг, ме ’фсымæр,
æрмæст ма иу лæггад бакæн дæ кæстæрæн а фæззæджы: мæ чын-
дзæхсæвы кувæг хъуамæ уай ды. Иунæг дæуæй дарддæр æз Æх-
сæртæггатæй лæджы нæ бауадздзынæн мæ хæдзармæ, æмæ мæм
ууыл ма фæхъыг у. Æз æмæ ды кæм бадæм, уым мыггаджы ном
дæлдæр никуы уыдзæн, иннæтæн сæ амонд сæхи...
— Хорз, хорз, дæ хъуыддаг уал кæн, стæй дын кæд къæбæр
бахæрынæн уа, уæд гуыбындзæл адæм нæртон зæххыл бирæ ис, —
радзырдта йæ фæдыл Армимаз æмæ ма Сырдон æрмæст дуарæй
иу хъæр бакодта:
— Гуыбындзæлтæн дур сæ гуыбыны!
Сырдон дзывыр æмæ æфсондз йæ уæхскыл баппæрста æмæ
цыма кафтмæ цыди, уыйау рог æмæ къæлæсы уад ныккодта уын-
джы, стæй йæ уискъул хæдзармæ араст, Арпаданмæ æввахс, хъæд-
гæронмæ.
Дыккаг бон Сырдон бацыд Бурæфæрныгмæ æмæ йæ уый акод-
та фæсхъæу сæрвæтмæ галæвзарæг. Бацамыдта йын нывонд галты
æмæ, иннæтæй бар сис, загъта. Нывонд галтæ уыдысты сæ хуыз-
дæртæ, æмæ Сырдонæн цы базонын хъуыд, нывонд сæ уый тых-
хæй кæй рахуыдта сæ хицау. Иннæтæ дæр хорз галтæ уыдысты
æмæ сыл Сырдон йæ цæст ахаста. Дыууæ сау уæныг галы дзы йæ
зæрдæмæ фæцыди. Нырма сыл фæйнæ фондз азы цыди æрмæст.
— Ацы аз дыккаг хатт уыдзысты ифтыгъд хуымы, — дзырдта
Бурæфæрныг, — æмæ дæ куы мæстæй марой? Мæхи зæрды сæ
хистæр галтимæ æмдзæдисæй ифтындзын уыди, цæмæй сахуыр
уой, науæд нырма хивæнд сты...
— Ницы кæны, ме ’фсымæр, — бафыста йын йе зноны хæс
Сырдон. — Æз мæхæдæг дæр хивæнд лæг дæн æмæ ахæм фос
98
бирæ уарзын. Æмæ мын сæ кæд дæ цæст уарзы, уæд уыдонимæ
кусдзынæн.
— Гъе æмæ дæ хорзæхæй, — йæхи нал басаста Бурæфæрныг. —
Дæ зæрдæмæ цæуой, уыййеддæмæ мæ цæст уарзы, — дзуры æвæл-
монæй фысым, фæлæ йæхинымæр та хъуыды кæны: ай хин лæг
куы у, æмæ æз афтæ æнхъæл куы уыдтæн, фосы хорзæн ницы
æмбардзæн. Сæ тæккæ суинæгты сын равзæрста, куыдз! Ныллæг,
фæлæ бæзджын арæзт, ставдбæрзæй, къуыбырсы галтæ... Æфсон-
дзы бын сын бафæллад нæ уыдзæн... Фыргуыстæй дæр нæ рафт-
дзысты... Бæргæ æвгъау сты, фæлæ ма цы... Цæй, ницы кæны,
ныр æлвасæн хъус ме ’рдыгæй ис æмæ дзы æз куыд фæфос кæн-
дзынæн, уый нырма йæ фæсонæрхæджы дæр нæй. Раттæджы къух
райсаг у, мæ лымæн, уый дæ зæрдыл дар! Бурæфæрныг йæ фос
уаргæ нæ кæны...
Сырдон æмбæрста йæ хæрзгæнæджы зæрдæйыуаг æмæ йæ
мидбылты хинæйдзаг худт кодта, афтæмæй бафтыдта галты сыкъа-
тыл синаг.
3
Сихорафонмæ Сырдон йæ галтыл фæцинтæ кодта. Фыццаг сæ
фæхызта, кæрдæг заддæр кæм уыди, уыцы лæнчыты, стæй сæ
аскъæрдта Арпаданы былмæ æмæ сæ уым дзæбæх ныннадта. Уыр-
дыгæй сæ ракодта æмæ та сæ йæ къæсы фарсмæ хизыныл бафтыд-
та. Бон куы фæсасти, уæд галтæ схуыссыдысты æмæ сынæр цæгъ-
дын райдыдтой. Сырдон сæм бирæ фæкаст æмæ йæ цин уромын
йæ бон нал баци. «Цæуон æмæ Зæринæйы ракæнон, фена сæ, уый
дæр сыл фæцин кæна, стæй мын мæ къæсмæ дæр æркæстытæ кæна,
цæмæй цæрын, уый базона... Ныр фидыд стæм æмæ ма уый цы
худинаг у? Æз æй æппындæр нал ауадздзынæн, кæд нын фæззæг
исты уа, уæд чындзæхсæв скæндзыстæм. Уый нæй, уæд мах, кæ-
рæдзимæ дзыназгæйæ, цæмæн хъуамæ цæрæм?..»
Атахт Сырдон Зæринæмæ, фæндыд йæ фæдыл ауайын Фата-
куйы дæр, фæлæ йæ бамбæрста, хæдзары, лæууын хъæуы, науæд
галтæ куы сыстой æмæ куы адымой, уæд йæ аххос фæуыдзæни...
Цалдæр гæппы акодта Сырдоны фæдыл, стæй фæлæууыд, акасти
ма Сырдоны тæхгæ лыгъдмæ æмæ раздæхти фæстæмæ, галты цур
ныххуыссыд æмæ йæ сæр йæ дзæмбытыл æруагъта. Касти Сырдо-
ны æрбаздæхтмæ.
Сырдон æмæ Зæринæ хъæуæй рацыдысты хуымтыл. Уыдис
уыцы хуымтæй Сырдон æмæ йе ’фсымæртæн, фæлæ Сырдон сфæнд
кодта уыцы хуымтæй иу гæппæл дæр ма бакæнын. Уый та мæ
99
ноджы дзурын кæндзæн семæ, иу гæппæл мын куы раттой, уæд-
дæр хъæр кæндзысты, æмсæр хай нæ ахаста! Нæ мæ хъæуы сæ
хай, — дыууæ уды фаг Зæринæйы хуымы гæппæлты дæр æрзай-
дзæн. Кæд нын уый фæстæ исчи уа, уæд мæнæ мæ халагъуды
фæстæ хъæд басæтдзынæн æмæ — хуымтæ, бирæ мæ хъæуы, цы!..
Ацы хъуыды фæцыди Зæринæйы зæрдæмæ дæр — уый тарсти
йæ лæджы бинонтæй, уæлдайдæр Сатанайæ: мæ фыд-зæрдæйы
дзырддаг уыимæ фæуæд! Зыдта, стæй канд уый нæ, фæлæ Алæга-
тæ се ’ппæт дæр, Сатанайы хинæй кæй фæмард æнæаипп Елдæ, йæ
лæджы йын хинæй кæй байста æмæ йын йæхи та мæрдтæм кæй
барвыста... Æмæ тарст, мыййаг, уымæн дæр исты хин куы скæна.
Нæ, фæлтау сæхи муртæй цæрдзысты, æрмæст сæм мацы бар да-
рæд Сатана! Æхсызгон ын уыд, Сырдон уыдонæй кæй рахицæн
æмæ ныр сæрибар кæй у Æхсæртæггаты хæдзарвæндагæй. Алæга-
тыл нæ бафтдзæн, уый зыдта Зæринæ, стæй сыл куы бафтыдаид,
уый дæр æй нæ фæндыди: уæд хъуамæ тохы слæууа, Зæринæйы
фыды хуымтæ йæхицæн чи бакъаддæртæ кодта, уыдонимæ. Уый
нæ фæндыди Зæринæйы: барвæндæй дзы ницы ратдзысты фæстæ-
мæ — куыдзы дзыхæй фыды кæрдих ничи исы! — тохыл куы слæууа,
уæд та сын æнцон нæ уыдзæн цæргæ-цæрæнбонты. Нæ, фæлтау
нын цы ис, уымæй цæрдзыстæм... Стæй кæд исты самал кæниккам.
Уыйадыл йæ зæрдæмæ фæцыдис Сырдоны фæнд: халагъуды цур
хъæд басæттын... Йæ цæст ыл ахаста, æмæ дзы æцæгдæр, иу-æртæ
бонгæнды уыди къутæрджын зæхх, хъæды фæдджи. Къутæртæ скъа-
хын æмæ сæппарын — æнцон, зæхх та хъуамæ хорз уа, кæрдæг дзы
астæумæ зайы æмæ дзы хор цæуылнæ хъуамæ æрзайа?
Сырдон фæныфсджын, йæ фæнд Зæринæйы зæрдæмæ кæй
фæцыд, уымæй, æмæ йын дардыл дзурын æрымысыд, ома уый
хорз бæргæ у, фæлæ дзы ис иу рахæцæн — иннæ хуымтæм дард у
æмæ йæ цуры куынæ цæрæм, уæд дзы ницы фæпайда кæндзыс-
тæм: кæм æй фос хæрдзысты, кæм хъæды сырдтæ... Зæринæ бам-
бæрста, уый фæнды, куы йын сразы уаид халагъуды цæрыныл.
— Хорз лæг, æмæ дыл нæ худдзысты, ус æрхаста халагъудмæ,
зæгъгæ?
— Искуы ма нæ худдзысты!.. — сразы Сырдон. — Фæлæ дзы
кæд искуы галуан дæр суадзиккам, и? — хинæйдзаг худт та кæны
Сырдон.
— Галуанæн дын ницы мæ бон у, фæлæ дын йæ къултæ дзæ-
бæх байсæрддзынæн æлыгæй, зымæг нын уазал куыд нæ уа.
— Æмæ сразы уыдзынæ ам цæрыныл? — сцин кодта Сырдон. —
Нæ.фæтæрсдзынæ хъæуæй хъæдмæ ралидзынæй? Дæ цæгат ныу-
уадзынæй, уым ма дын хæдзар уæддæр ис...
100
— Дзæгъæлы мæ къахыс, лæппу. Æмбисонд никуы фехъуыс-
тай — хъæздыг цæгатæй мæгуыр хæдзар хуыздæр у... Æмæ дзы мæ-
нæн цæгат Дæр куы нæ и, цæмæ дзы мæ зæрдæ фæстæмæ æхсайа?
Сырдоны зæрдæ тæригъæдæй айдзаг: ай æцæг иунæг куы у
æмæ ма йын æз та уайдзæфтæ куы кæнын, æз — æд мадызæнæг
лæг!.. Нæ, мæнæй уый, мæрдты бæсты куыйты бæлæгъæй хуыты
хъæстæл фæныуаз, ды искуы æфхæрын куы бауадзай ацы иунæг
уды, дæхицæн дæр æмæ искæмæн дæр! — Афтæ ард хордта йæхи-
мидæг Сырдон. Æргом та загъта:
— Къахгæ дæ нæ кæнын, Зæринæ, фæлæ мæхимидæг тыхсгæ
кæнын: мыййаг мыл дæ зæрдæ куы фæхуда — цæй зыны мæ нып-
пæрста, зæгъгæ, Сырдоны гæвзыкк, æмæ ма мын æй æргом уæд-
дæр куы загътаид, мæ бон раздæр куы зыдтаин! Фæлæ иугæр нæ
тæрсыс мæ мæгуыры халæй, уæд дын зæгъын, — афтæ мæгуыр
дæр нæ уыдзыстæм!..Нырмæ дын æй барæй нæ хъæр кодтон, æн-
дæра чысыл цыдæртæ самал кодтон хуым кæнынæн!.. Дыууæ галы
балхæдтрн! — нал фæлæууыд Сырдон.
— Галтæ? Галтæ нын ис, нæхи галтæй кæндзыстæм хуым? —
нæ уырныдта Зæринæйы, йæхи куы базыдта, уæдæй нырмæ йын
йæ хуымтæ æрдæгыл кодтой йе ’рвадæлтæ, уымæй дæр хъуыр-
хъуыргæнгæ, цыма йын стыр хорзы цыдысты. Ныр йæ зæрдæ
цинæй айдзаг — нал æй хъæудзæн йе ’рвадæлтæм курæг цæуын,
йæ хъуыры цъар ивазын!..
— Нæхи галтæй, Зæринæ, стæй куыд хорз галтæ сты, куы сæ
фенис, — æппæлыд Сырдон, æмæ, æцæгдæр, галтæ дзæбæх уыдыс-
ты, хæрзхаст, къуыбырсы, æмхуызон сау æмæ фидарарæзт: фæ-
тæнриу, фидаркъах æмæ бæрзæйджын.
— Гъе, хинæйдзаг, уæдæ цæрæг куы стæм, уæд ма дæхицæй
мæгуыргур цы ацарæзтай? — загъта Зæринæ.
Зæринæ галты хуысгæ баййæфта æмæ сæм хъуамæ бауадаид,
фæлæ сын сæ цуры Фатакуйы куы ауыдта, уæд сæм нал бауæн-
дыд. Сырдон фæхатыд, чызг куыдзæй кæй тæрсы, æмæ фæдзырд-
та Фатакуймæ:
— Урсдзых, абоиæй фæстæмæ ацы чызг уыдзæн не ’фсин, йæ
рардæй цæрдзыстæм æз æмæ ды. Чи зоны тынг дзаджджын нæ уа
уыцы рард, фæлæ схуыстæй нæ уыдзæн. Гъе æмæ абонæй фæстæ-
мæ мæнау уымæ дæр хъус æмæ дын цы зæгъа, уый кæн. Ныр та
йæ бафæлварæм. Зæринæ, уæртæ къуымы иу кæрдзын ис хъуы-
рауы æмæ йæ рахæсс, байуар æй не ’ртæйыл...
Зæринæ æцæг бацыд, акасти халагъуды къуымты: цæрынæн
цы хъæуы, уыдон дзы се ’ппæт дæр сты — къона, рæхыс, аг, хъуы-
рæуттæ, къæртатæ, тæрхæг, бандæттæ, уат, йæ уæлæ нымæттæ,
101
таройыл хъæдын къустæ æмæ уидгуытæ... Рагъæныл кæрдтæ,
ифтыгъд æрдынтæ, фатдонтæ, дыууæ уæззау цирхъы. Уый та ма
циу? Фатæй куы никуы хъазы, цирхъ ын йæ къухы куы ничи
федта, уæд сæ цы кæны? Дæлæ фæсдуар та цæйдæр стыр лæ-
дзæг? Уый та йæ цæмæн бахъуыд?..
Йæ зæрдæмæ фæцыд Зæринæйæн Сырдоны хæдзар, фæлæ дзы
гæрзтæ кæй федта, уый йæм диссаг фæкаст æмæ дывæндыл фæци:
кæд уый дæр йæ мыггаджы фæткыл хæцы, фæлæ йæ æмбæхсгæ
кæны?.. Райста кæрдзын æмæ æддæмæ рахызт. Ницы сдзырдта
Сырдонмæ, хæдзары цы федта, уый тыххæй, фæлæ йæ цæсгомыл
бæрæг уыди: цыдæр йæ зæрдæмæ нæ фæцыд! Сырдон та йæ ба-
рæй барвыста иунæгæй, уадз æмæ йæхæдæг фена къуымтæ æмæ
йын зæгъа йæ фæндон, кæд фæсмон кæны, ам цæрыныл кæй сра-
зы, ууыл, уæд æндæр исты æрымысын хъæуы развæлгъау.
— Кæрдзын байуарон, зæгъыс? — фæрсы Зæринæ, фæлваргæ
йæ кæй кæны Сырдон, уый зоны æмæ йæм худын цæуы ахæм
хуымæтæджы фæлварæны тыххæй. — Кæд уыцы хъуыддаг мæ-
ныл баст у, уæд разы дæн, фæлæ уал ды фысым кæй дæ, уый
тыххæй йæ дæхæдæг байуар. Æз нырма уазæг дæн æмæ аив нæ
уыдзæн, æвиппайды мæхи фысым куы акæнон, уæд. Фатакуйы
зæрдæмæ дæр нæ фæцæудзæн, æццæй нæ? — куыдз кæрдзыны
гуылмæ касти æмæ йæ къæдзил тылдта. — Кæсыс, разы у, йæ
дымæг тилы.
— Кæд мыл дыууæйæ сæвварс стут, уæд уарын, цы гæнæн ма
ис! — сразы Сырдон æмæ гуыл дыууæ дихы акодта, стæй та уыдо-
нæй дæр иу йæ астæуыл асаста. — Мæ зондæй кæрдзынæн йе
’рдæг дæумæ æмбæлы, ды уазæг кæй дæ, уый тыххæй, стæй —
сылгоймаг! Лæджы бæрц нæ ахæцдзынæ куысты дæр, æххорма-
джы дæр. .Æз æмæ Урсдзыхæн та фæйнæ æмхуызон хайы, афтæ
ахуыр стым нæ базонгæйæ фæстæмæ.
— Нæ, фысым, уый раст нæу. Æри-ма ардæм кæрдзыны цъæл-
тæ... Уазæджы уæздандзинад мын сарæзтат, ныр та æмхуызон
хъуамæ уой нæ хæйттæ. Алкæмæн дæр иу цыппæрæм хай. Мæнæ
уый Урсдзыхæн. А, хæц! — радта йæ хай Фатакуйæн æмæ йæ уый
йæ дзыхы дардта, цалынмæ Сырдон скомдзаг кодта, уæдмæ. —
Уый та фысымæн, — иннæ кæрдих ныссагъта Сырдоны армы. —
Аннæ хай та дыууæ дихы акæнæм, йæ иу хай мæн уæд, иннæ та —
уазæг нæм чи фæуа, уый. Ахæрынæй анхъæлмæ кæсын хуыздæр
у æмæ ма фæстейæ дæр исты хъуамæ фæуадзæм. Æз æфсин кæм
дæн, уым мæ ахуыр афтæ у æмæ йæ зонут абонæй фæстæмæ! —
худы Зæринæ æмæ йæ къæбæрæй иу комдзаг стыдта.
— Бадгæ, фыййауы хæрд нæй! — алыг кодта Сырдон æмæ йæхи
102
зæххыл æруагъта. Æрбадти кæрдæгыл Зæринæ дæр. Уыдон фæзм-
гæйæ Фатакуй дæр фæхæбæцц.
Галтæй иу кæрдзыны тæфмæ йæ сæр æрбазылдта фысымтæм
æмæ йæм Зæринæ фемдзаст. Бацин кодта, сыстад æмæ йын йæ
мукъутæм бахаста иу чысыл къæбæр. Гал æй былтæй айста æмæ
йæ æзуилы. Зæринæ ахъуыды кодта æмæ иннæ галмæ дæр ба-
цыд:— Мæнæ уый уыдзæн абонæй фæстæмæ Къæбæда, мæнæ иннæ
та — Гуыххæл! — дзуры Сырдонмæ. — Æз сæ абонæй фæстæмæ
афтæ хондзынæн!
— Дæ бар фод, æз æмæ Фатакуй дæр разы стæм. Цы зæгъыс,
Урсдзых? — Фатакуй уæдмæ йæ хай хæрд фæци æмæ æнхъæл
уыд, чи зоны ма йын фысымы зæрды ног хай раттын ис, фестад
æмæ йæ дымæг батылдта. — Разы у Урсдзых дæр. Дæ ныхæстæй
иуыл дæр дыууæ нæ дзуры æмæ нæ зонын, ма фæхыл уон йемæ...
Æвиппайды æфсины фарс куыд алæууыд! Æвæццæгæн Алæгаты
кувджытæй фæци — уыдон дæр Хуыцауы фарс афтæ хæцынц:
кувдзыстæм, дам, дын æмæ, дам, нын ды та нæ хъуыддæгтæ рæст-
мæ кæн! Махæй — физонæг, дæуæй — æххуыс! Цыма Хуыцау
уыйбæрц æдылы у æмæ иу физонæджы тыххæй искæмæн æнæ-
раст хъуыддаджы ахъазгæнæг лæууы. Нæ, Фатакуй, афтæ куы
кæнай, уæд æз æмæ ды нæ бафидаудзыстым...
— Лæппу, Алæгатæ дæ дзыхы радавинаг не сты, фæлæ сæ ныу-
уадз сæхи адыл... Кæд сæ Хуыцау дæр уыйбæрц æдылы у æмæ
сын былдауæн ныхæстæй сайын комы, уæд æй уадз æмæ сайой,
дæуæн цы дæ уæлфад гал лæууы? — бахудт Зæринæ æмæ Сырдо-
нæн йæ зæрдыл æрбалæууыдысты йæ галтæ.
— Уымæй дæр раст зæгъыс, фæлæ мæ галтæ æцæг цæуынц дæ
зæрдæмæ? — Сырдоны фæнды, куы ма йын бацин кæнид йæ гал-
тыл. — Æз сæ мин фысыл дæр нæ баивин. Стæй сыл æфсондз
куыд фидауы, уый куы фенис!
— Æмæ дын æфсондз дæр ис?
— Ноджы дзывыр æмæ къахæнтæ дæр! — нымайы Сырдон. —
Адæг дæр сарæзтон, галтæ мын куы нæма уыд, уæд. Загътон, мæ
галтæ æгæвдæс хъуамæ ма уой. Ныр ма кæвдæстæ æмæ скъæт
хъæуы æмæ уыдон дæр сараздзынæн: уис бирæ ис, æлыджы дзæ-
бæх та мæнæй хуыздæр ничи зоны. Ды мæ куыд æнхъæлыс, афтæ
мæгуыр дæр нæ дæн!
— Цæй мæгуыр дæ: хъуырæуттæ дæм ис, къустæ, ноджы цирхъ —
мæ дæргъæн, стæй дыууæ æрдыны æмæ фатдонтæ! Ноджы иу стыр
лæдзæг, æлыгæй ахуырст. Æцæг, цæмæй арæзт у, уый нæ равзæрс-
тон, цыдæр æнахуыр уæззау у, цыма æндонæй конд у... — фæл-
гъауæг цæстæй кæсы Зæринæ Сырдонмæ.
103
Сырдон фæхъуыдыйыл: æвæццæгæн фæтарст, ома цы нысаны
фæдыл сты йæ хæдзары уыцы гæрзтæ?.. Ницы зоны мæ царды
хабарæн æмæ, чи зоны, æнхъæлы, æз дæр, ме ’фсымæртау, балц-
мондаг дæн, фæлæ нæ уæндын, тæппуд æмæ мæ æдыхæй тоной
мæн адæм, æвæццæгæн, уый дæр уырны уыцы дам? Кæй нæ уыр-
ны, ахæм та чи ис, æвæдза?.. /Евæццæгæн, фæстагæттæм дæр ахæм
хуызы бахæсдзысты мæ кой Нарты гуыппырсартæ? Цы сын кæ-
нон?.. Фæлæ мæ ацы удгоймаг дæр ахæм æнхъæла, уый мæ нæ
фæнды. Амæнæппæт дæр радзурын хъæудзæн... — Арпаданы змæст
уылæнтау, рафæйлыдтой Сырдоны зæрдæйыл, чысылæй фæстæ-
мæ цы фидистæ æвзæрста æмæ фыдгойтæ фехъуыста, уыдон æмæ
йæ цæсгом ныттар, йæ зæрдæ суынгæг.
— Истæмæй дæ фæхъыг кодтон, лæппу, уæд мын ныггæдзæ
кæн, — бадзырдта йæм Зæринæ, фæхатыди, Сырдоны равг куыд
аивта æвиппайды, уый.
— Ды та мæ цæмæй фæхъыг кодтай, фæлæ уыдис æндæр хъыг-
гæнджытæ... Мæ чысылæй фæстæмæ мæ æмгарæй, æфсымæрæй,
хойæ, æрвадæй æрхæссæггагæй тонынц, махæй, дам, нæ дæ, нæ
мад, дам, дæ æндæр кæмæйдæр ныййардта... Чи зоны, афтæ уыд,
цы бæрæг ис, фæлæ уый цы давы, уæддæр сæ мадызæнæг дæн...
Фæлæ мæм уыцы цæстæй ничи ракаст... Схуыст æмæ фидисæй
даддæр ницы зонын се ’ппæтæй дæр.
Уый адыл сæ ныууагътон, чысыл лæппу ма куы уыдтæн, уæд.
Нал цыдтæн нæдæр сæ хъазтмæ, нæдæр сæ симдмæ. Сæ цуры мæ
къухмæ никуы райстон мæ гæрзтæ. Удодон-иу фатæй æхстой, æз-
иу мæ къухтæ мæ синтыл сæвæрдтон, афтæмæй сæм кастæн. Уыдо.н-
иу кæрæдзи бырсыныл уыдысты, æз-иу сæм æрттæдæлармæй кас-
тæн æмæ сыл худтæн. Цирхъæй-иу хаецыдысты, æз та-иу сыл хæ-
рисæй кард фæлвæрдтон æмæ-иу мыл худæгæй мардысты. Сыр-
доны гæрзтæ хæрисæй, йæ къæбæр хæры къæрисæй! Афтæмæй
сæ йæ хъуыдыйы никуы никæмæн æрцыд: сæ болат цирхъы ком
мæныл никуы ауад, уарт та мæнæн нæ уыд, æз та-иу сын мæ хæ-
рис кардæй сæ гуыбынтæ фæцъæррæмыгъдтытæ кодтон... Уый
дын сæ зонд æмæ сæ арæхст.
Хъæбысæй æз хæцыдтæн хъæды, арсы лæппынтимæ, стæй та
куырæфцæг æрсытимæ. Худæг дæм ма фæкæсæд, хæлар дæн
семæ... Иуахæмы иу арс йæ хъæвдыны мæ разы æрæвæрдта æмæ
богътæ систа. Фыццаг дзы фæтарстæн, уæдæ цы, фæлæ стæй хъæв-
дын йæ мадмæ мæнæй æртæ къахыл куы фæцæйлыгъд, уæд æй
бамбæрстон, цыдæр кæны йæ къах æмæ мын мад уый охыл æрба-
хаста йæ лæппыны мæ размæ... Мæхиуыл ныххæцыдтæн æмæ арсы
хъæвдынмæ бацыдтæн. Кæсын, æмæ йæ дзæмбыйы фæлмæны
104
сындз нынныхст, фæхæрам æмæ дзæмбы ныррæсыд, ныттыппыр,
лæппын рыст нал уромы, æргъæвст хъыбылы хъыс-хъыс ма кæны.
Мæнæ ацы чысыл кард мæ фарсыл рагæй хастон, иу хатт мын æй
Армимаз, нæ куырд, радта, — рæвдыд уымæй дарддæр никæмæй
зонын мæ рагбонтæй фæстæмæ, ныр та мын дзывыр æмæ æфсондз
балæвар кодта, — стæй мын тынг ссад уыди кæддæриддæр. Ам,
загътон, хæрам сæгом хъæуы, йæ хæф куы рацæуа, уæд нал рис-
дзæн, хъæдгом та æгас бауыдзæн... Уый æрдузы уыди, Кæрдойы
æрдузы. Стыр æрдуз у, стæй йæ тæккæ астæу пæлæхсар кæрдо —
зад, фæззæг мыды ад кæны, ацы хатт дын æй равдисдзынæн, ныр
дидинæг тагъд рафтаудзæн æмæ уæд рæсугъд чызгæй фенддагдæр
у! Æмæ уыцы æрдузы та дугъысыф арæх у, хъæдгом ссыгъдæг
кæнынæн диссаг, мæхиуыл æй бафæлвæрдтон. Арсы хъæвдынæн
йæ дзæмбыйы царм чысыл рацамадтон, стæй йын йæ сындз фел-
вæстон, хæф цыхцыр ныллæууыд. Æз дæр ма йæ чысыл балæ-
мæрстон, стæй йыл дугъысыф сæвæрдтон æмæ йæ фæсмыны уадз-
дзагæй бабастон. Хъæвдын йæ хъыс-хъысæй банцад æмæ йæ къа-
хыл слæууыд. Æз ын йæ сæрыл мæ арм æрхастон, зæгъын, тæрс-
гæ мауал кæн, дæ мадмæ цу!
Мад йæхæдæг æрбацыд нæ цурмæ, цæуылдæр фæгуым-гуым
кодта йæ лæппынимæ, стæй мын йæ сæрæй акуывта æмæ ацыд...
Иу къуырийы фæстæ та Кæрдойы æрдузы уыдтæн, уым-иу мæхи-
цæн фат æмæ æрдынæй хъазыдтæн, иунæгæй... Æмæ та уыцы арс
йæ лæппынимæ уым куы лæууид!.. Лæппын мæ размæ разгъордта
æмæ мын йæ дзæмбытæ мæ риуыл авæрдта, стæй мын мæ рустæ
астæрдта, ома ма тæрс, мемæ ахъаз, мæ къах нал риссы!.. Æркас-
тæн дзæмбымæ æмæ, æцæгдæр, рæсыд бабадт, æрмæст ма сындз
кæм фæныхст, уырдыгæй чысыл цъæй цыди. Æз та йын æй ногæй
бабастон æмæ уæд мемæ хъæбысæй æвналын æрымысыд. Хæнджы-
лæг кæнын райдыдтам, сæрбихъуырæйттæ, ратул-батул... Æмæ уæд
йæ мад цыдæр фæци, иуцъусдуджы фæстæ йæ хъæбысы æрбахаста
иу стыр кæлдым æмæ йæ мæ фарсмæ кæрдойы зæнгыл бахъил код-
та. Æз æм æркастæн æмæ — мыды цъар!.. Ай мын лæвар куы кæны!
— загътон мæхицæн æмæ йын мæ сæрæй акуывтон. Уый бахудæгау
кодта æмæ цыдæртæ сдзырдта, фæлæ дзы æз ницы бамбæрстон...
Уæдæй фæстæмæ фæхæлар стæм. Мад раджы амарди, фæлæ
йæ лæппынимæ ныр дæр æфсымæртæ стæм æмæ кæрæдзи арæх
фенæм, хъæбысæй дæр рахæцæм, æцæг ыл нал тых кæнын...
Хæцыдтæн ма ноджы иу уæйыг лæппуимæ, ме ’мбай у. Раздæр
арæх æмбæлдыстæм, фæлæ йæ ацы аз нæма федтон, æртæ хохы
æддейæ цæрынц æмæ йæ сæрды бонты фенын æрмæст. Ныр æй,
æцæг, хъазынмæ нал æвдæлы, мæнау æгуыст нæу, мæнæ ме ’мгарты
105
куыд не ’вдæлы сæ балцытæй, афтæ... Хорз лæппу у, стæй тых-
джын, фæлæ мæнæй нырма никуы ницы ахаста, тых æм бирæ ис,
арæхст — цъус. Афтæмæй хæцын дæр зондæй хъæуы, иунæг цон-
джы тыхæй ницы рамбулдзынæ. Уыцы хъуыддагæй та æз тых-
джындæр дæн...
Уый дын мæ хабæрттæ... Фат æмæ æрдынæй хъазаг нæ дæн.
Фæлæ сæ хъазын зонын. Нæ дæн цирхъæй хæцæг дæр, фæлæ
йын йæ фистоныл хæцын зонын, йæ цæф ын мæхиуыл æруадзон,
уый дæр мæ нæ фæнды. Стæй йæ мемæ хæссаг дæр нæ дæн. Цы
дзы кæнын? Æрсытæ мын хæлар сты, Æрсойы цур та мæнмæ сырд
нæ февналдзæн. Ныр дæр æм куы фехситт кæнай, уæд мæ цуры
балæууы... Адæм сты, æмæ сын ницы кæнын, никæмæ бырсын.
Кæд мæм исчи тых хæсса, уæд æз дæр — мæнæ.
— Æмæ уæд лæдзæг та? — бафарста уæдмæ цымыдисæй хъу-
сæг Зæринæ.
— Лæдзæг, уый мын Ардагъуйы лæвар у, ме сиахсæн, дам,
исты хъуамæ балæвар кæнон, æмæ мын йæ лæдзæг радта, — хин
худт та ахъазыд йæ цæсгомыл Сырдонæн.
— Æмæ уагæры цы хъæды мыггаг у уыцы уæззау, стæй йæ
демæ хæсгæ та куыд кæндзынæ? Ардагъу уæйыг у æмæ йыл фи-
дауы, фæлæ йæ ды куыд фæфæраздзынæ? — не ’ууæнды Зæринæ.
— Чызгай, цы хъæды мыггаг у, уый дын нæ зæгъдзынæн, Уазайы
хох мын куы радтай, уæддæр. Уый мæны йедтæмæ ничи зоны.
Фæлæ лæвар кæм у, уым ын æнæдаргæ нæй, науæд Ардагъу фæ-
хъыг уыдзæн. Стæй мын хъазынæн хорз у, — сыстад Сырдон æмæ
лæдзæг рахаста, хъазын дзы райдыдта: йæ амонæн æнгуылдзыл
æй зылдта, хъæлау, иу кæронæй-иу æй сæппæрста æмæ та-иу æй
иннæмæй ацахста.
— Цæй, фæрнæй йæ фæдар, — ныр та Зæринæ райдыдта ху*
дын. — Куыд дæм кæсын, афтæмæй йæ фæхæсдзынæ, тынг уæз-
зау дын цыма нæу...
— Фæхæсдзынæн, Зæринæ, æнæмæнг фæфæраздзынæн, ды ме
’фсин куы уай, æххормаг мæ куы нæ уадзай, уæд æнæмæнг стых-
джын уыдзынæн æмæ Ардагъуйы нæ фегад кæндзынæн, — сразы
Сырдон æмæ чызджы æрбахъæбыс кодта йæ галиу къухæй, рахи-
зæй батылдта лæдзæг:
— Додой мын кæны йæ сæр, абонæй фæстæмæ ма мæ исчи
гæбæр тæрхъус схуыдта, зæгъгæ, уæд! Ацы лæдзæгæй йын йæ
фæрстæ сфæлмæн кæндзынæн! Ды мыл ма дызæрдыг кæн, æцæг,
уыййедтæмæ иннæтæ цыфæнды дзурæнт, — сфæрæзта йæ сагъæс
раргом кæнын Сырдон æмæ йын фенцоидæр. — Ныр та цом æмæ
райсом хуым кæм кæндзыстым, нæ адæг уырдæм ахæссæм.
106
4
Дыццæджы Сырдон хуым кæнын райдыдта. Зæринæ галты
разæй цыдис, йæ галиу къухæй æнцад сæрбосыл, рахизы дардта
уис, фæлæ дзы галтæм æвзидын дæр йæ цæст нæ уарзта, цыдæр
рæвдауæн ныхæстæ сын кодта æмæ йæм афтæ каст, цыма йæ æм-
барынц, хъусынц æм æмæ уымæн афтæ дзæбæх цæуынц, æфсон-
дзыл æмхуызон, сындæггай æнцайгæйæ. Сырдон дзывыры къæ-,
дзыл хæцыд, зæхх, фæлмæн æмæ æнæуидаг, зынгæнæн нæ уыд
æмæ уымæй йæ зæрдæ рухс кодта. Йæхи тыххæй нæ, фæлæ гал-
тæн æнцон кæй уыд, кæй не сфæлмæцыдысты, уый нымайгæйæ.
Цыди сабыргай гутонвæдыл æмæ та йæм, фыццаг хахх куы акод-
та, уæдæй фæстæмæ бæлвырдæй хъуысти йæ риуæй йæ сусæг за-
рæг. Зарæджы æхцон хъæлæс ризæгау кодта кæмдæр риуы фæс-
гуыдыр æмæ Сырдонмæ афтæ касти, цыма йæ буар æнæхъæнæй
дыз-дыз кæны, — æвæццæгæн зарæгæн хъырны!.. Йæ цæсгомыл
рухсы уылæн фæливæнтæ кодта æмæ йæ тынг фæндыд, куы база-
рид, йæ ныллæг, фæлæ тыхджын хъæлæсæй куы бахъырнид йæ
сусæг æмæ æнахуыр зарæгæн, фæлæ иæ уæндыди Зæринæйæ.
Чысыл æддæдæр ма хуым кодтой цалдæр цæды æмæ уыдонæй
дæр æфсæрмы кодта: зæгъдзысты, цы систа нæ сиахс, цæуыл зары,
æви йæхицæн ус æрхæссын æнхъæл нæ уыди.
Зарын не суæндыд Сырдон, фæлæ йæхимидæг нывæндын рай-
дыдта цыдæр ныхæстæ. Йæ цæстытыл уади: сыджыт сфæлмæн,
схæмпус уыдзæн, тауинаджы иæмгуытæ дзы байзæрдздзæн дзагар-
мæй, стæй сыл адæг ауадздзæн æмæ уым, мæры, нæмгуытæ æвгъæ-
ды бадæгау кæндзысты, стæй сын иуахæмы райгуырдзæн цъæхбе-
цыкк лæппынтæ, хурмæ сæ сæртæ сдардзысты, райдайдзысты рæ-
зын, хъазын хур æмæ дымгæтимæ, уарыны æртæхтимæ. Бон
уылынг рæздзысты, æхсæв — уыдисн!.. Куы сбурбецыкк уой, ног
нæмгуытæ куы ныннæрсой, сæ хæдæтты мидæг куы нал цæуой,
уæд сæ æркæрддзæн æмæ кæритæ кæндзæн йæ хоры кæнд!.. Уадыс-
ты йæ цæстытыл уыцы кæритæ æмæ рухс уыд йæ зæрдæ, сæры
æвзæрдысты цины ныхæстæ:
Мæгуыр лæгсен къæрит кæрц,
Фæззæг хорæй — кæритæ!..
Цы цух ма уыдзæн уæд? Цæрдзысты сæхицæн адæмы хуызæн
æнцад-æнцой! Къæрит кæрц, зымæг, уазал... Уискъулы уазал уы-
дзæн, уæд та фæрынчын Зæринæ... Адзæгъæл хъуыды, зарæджы
хъæр нал хъуысы, æмæ та Сырдон фæхатыд, кæмдæр йæ зæрдæйы
рæбын куыд сдардта йæ сæр кæддæры тас, иу хатт æй уæйыг лæппу-
107
тæ куы расырдтой, уæд йæ къæхтæ куыд зыр-зыр кодтой фыртæс-
сæй, уый та йæ зæрдыл æрлæууыд æмæ йæ цæсгом ныттар. Уыцы
тас уромынæй фыддæр, æвæццæгæн, ницы ис, цæйдæр æнæхайыры
налату уыцытас æмæ дзы, æвæццæгæн, лæгæн фæивгъуыйæн нæй...
Раздæр мæхи удæн тарстæн, ныр Зæринæйы тыххæй, уый
фæстæ... Нæ бауæндыд Сырдон йæхи раз дæр йæ фидæны сабиты
кой ракæнын, фæлæ йæ уды рæбын уыцы тас дæр тæлфын рай-
дыдта, ногдзыд æвзарау, æмæ йæ фæхатыд: искуы уыцы тас дæр
бацæудзæн йæ зæрдæйы æмæ ма дзы сцух уыдзæн, уымæн цы
бæрæг ис? Нæ, Хуыцау бахизæд ахæм хабарæй æмæ исчи фæрын-
чын уа, фæлтау йæхæдæг, йæхицæн ницæмæй тæрсы. Æнæниз,
æдасæй мæгуырæн дæр нæу зын цæрын...
Уæлхох, фсесхох — йæ рынтæ,
Цы хъæуы уæд цæрын та!..
Ныййазæлыди та йæ сусæг зарæг Сырдонæн, асæрфта йын йæ
цæсгомæй тасы фæливæн æмæ уæд йæ ныхæстæ фæрæвдздæр сты:
Æйс, сейс, галгпæ — дысион,
Æз дар ам дæн, — уæ зиууон!..
Зиууон æвзæр никуы уыдтæн, æвæдза! Кусгæ бирæ кæмæн-
дæрты бакодтон æмæ мæ ничи рахъаст кодта, æрмæст мæхицæн
никуы ницы сарæзтон, фыццаг хатт кусын мæхи хуымы, мæхи
бинонтæн æмæ ам хъуамæ хуыздæр кусæг разынон... Стæвд Сыр-
дон, хур дæр дзæбæх æрæндæвта, фæсмын хæдоны хъуынтæ йын
йæ хидæйдзаг чъылдым хъыдзы райдыдтой æмæ та Сырдон база-
рæгау кодта:
Дзывыры къæдз мын сывылдзæй,
Ма тпæрс, лæппу, хуылыдзæй, —
Лæгæн испгы куы ’нтыса,
Йæ хидсæрфæн — йæ дысалгъ!.. ’
Сырдон æцæг æрсæрфта йæ дысæй йæ цсгомы хид æмæ ма йæ
зарæгмæ бафтыдта раздæры ныхæстæ:
Æйс, æйс, галтæ — дысион,
Æз дæр ам дæн, — уæ зиууон!..
Галтæй тынг рухс кодта йæ зæрдæ Сырдонæн æмæ зарæджы
уыдон кой æнæмæнг хъуыди ракæнын, — уый йæм йæ зæрдæ дзу-
ры!. — фæлæ йæхæдæг дæр цæмæй рафауинаг у? Йæхи кой дзы
куы уа, уый дæр æмбæлы, галтæ æмæ сæ хицау æмвæнд æмæ
хæлар куы нæ уой, уæд сын цы бантысдзæн? Нæ, галтæ æмæ
лæппуйы кой иумæ æмбæлы! Æмдзæдис-æмзæрдæ хъуамæ уой,
108
æмæ сын уæд тыхгæнæг тых не ссардзæни. Сæ куыст фæрныг
уыдзæн, сæ цард — нывыл, сæ ном — бæрзонд.
Галты коймæ Сырдоны зæрдæ нал фæлæууыд: кæд, мыййаг
бафæлладысты? Баулæфын хъæуы, фыццаг бон хуым кæнын æмæ
цы тындзын, зыд лæг фæлмæцын кæны йæхи дæр æмæ йæ бинон-
ты дæр, — Сырдонæн йæ галтæ дæр бинонтæ фестадысты! — чи
зоны, Зæринæ дæр афæлмæцыд.
— Æй, не ’фсин, цы фæдæ, куы ницы дзурыс, æви мæм истæ-
уыл фæзулдзых дæ? Æви афтæ æнхъæлыс, æмæ Къæбæда кæнæ
Гуыххæл чи хуыйна, уый фæллайын нæ зоны? Уæртæ ма хуымы
кæрон фæуром æмæ сын иучысыл улæфт раттæм, тæригъæд сты...
Нæхæдæг дæр абадæм, кæдæм тагъд кæнæм? Науæд иу бон хуым-
гонд куы фæуæм, уæд ныл адæм худæгæй мæлдзысты — иу бон-
гæндæй, дам, цæрынмæ хъавынц нæ ног цардаразджытæ!
Æрурæдтой галты, сæ хъуырбостæ сын фæуæгъддæр кодта
Сырдон æмæ сæ асæрфтытæ, алæгъзытæ кодта, — сихорафон нæма
у æмæ уын холлаг нæма дæттын, стæй уæ хорз фендзынæн, кæд
нæхæдæг дæр исты аууиликкам...
Æрбадт Сырдон, гутонвæды йæ гом къæхтæ ауагъта æмæ йæ
фæллад цыма зæххы комулæфтау уæлæмæ тæфы хуызы цæуы, афтæ
йæм кæсы æмæ цин хъазы йæ цæсгомыл, уæнгтæ рогдæр кæнынц.
— Не ’фсин, ныр куы схъæздыг уаиккам, — Зæринæ дæр йæ
даллаг фарс æрбадт зæххыл, йæ иу къах иннæйы бын бакодта,
афтæмæй. — Нæ исæн ныккæнæн куы нал уаид, уæд ын цы ми
кæниккам? — хынджылæг кæны Сырдон.
— Уæд дзы дæуæн ног хæдон бахуыиккам æмæ дæ дæ разы
фæсмыны хъистæ нал хæриккой, — æнтъыснæгæй бакодта Зæри-
нæ. Уый фæхатыд, Сырдон-иу хаттæй-хатт йæ уæнгтæ куыд сыз-
мæлын кодта æмæ йæ базыдта, хæры йæ йæ хъæбæр фæсмын.
— Уый дæр раст у, — Сырдон фæдисы Зæринæйы нымайаг
зондыл æмæ йæ хъазæн равгæй фæиппæрд. — Фæлæ мын ды æр-
мæст тæрсгæ ма кæн, уый йеддæмæ нæ мæгуырыл фæтых уыдзыс-
тæм... Æз ныффæнд кодтон, Бурæфæрныгæй ноджы иу хъуг бал-
хæнын. Кæд сразы уа, уæд ын фæззæг йæ хуымтæ кæрдынмæ
фæкæсдзыстæм нæ дыууæ. Æртæ фысы мын радта иу хатт, йæ
бирæгъы комæй ирвæзтыты йын кæй сдзæбæх кодтон, уый тых-
хæй... Ныр мын уыдон дæр куы ратта, уæд цæрæг нæ уыдзыстæм,
кæд нæ Хуыцау бауадза, уæд?
— Уæдæ цы уыдзыстæм, цы, лæппу, иу хъуг, дыууæ галы, иу-
фондз фыстæ, халагъуд, хæдзар. Æцæг ма нæ скъæт саразын ба-
хъæудзæн...
— Скъæт сараздзынæн, фæлæ хъуамæ нæ халагъуд афтæ схъарм
кæнон, æмæ дзуарбадæн куыд суа!
109
— Уæдæ, уæдæ. Уастырджийæ Æфсатимæ иууыл сæхи махмæ
тавдзысты, — хынджылæг дзы кæны Зæринæ.
— Уæллæй, тавдзысты! Хъус-ма, æз ма халагъуды алфамблай
ног кау сбидзынæн, стæй дыууæ кауы ’хсæн сыджыт ныккалдзы-
нæн, æддейæ кау дзæбæх байсæрддзынæн æмæ ма нæм уæд цæй
уазал бахъардзæн, и?..
— Уый хорз æрымысыдтæ, — æрæджиау загъта Зæринæ æмæ
фездæхт Сырдоны ’рдæм. — Цыма зонды къуыбар кæндзынæ
фæстагмæ, нæ лæг, афтæ мæм кæсы, и? — худы Зæринæ æмæ
Сырдонæн дæр йæ рихитæ фæйнæрдæм алыгъдысты, ферттывта
йæ лыстæг æмæ æнгом дæндæгты уадздзаг урс-урсидæй.
— Æз ма ноджыдæр цыдæртæ æрымысыдтæн, æцæг сæ нырма
нæ хъæр кæнын, науæд сæ искæмæн куы радзурай, уæд сæм фæ-
раздæр уыдзысты адæм, — хъазы Сырдон, фæлæ йæ зæрды æцæг
ис ног фæнд хæдзар схъарм кæныны тыххæй — тынг æй фæнды
Зæринæйы уазал куынæ бацæуид æмæ мысы алы тæвдгæнæнтæ,
фæлæ сæ бæстон нæма снывæзта, дзурыны аккаг дзы ницыма ис,
æрмæст мæстæймарыны аккаг сты æмæ сыл фæлмæмбæхст ныхас
уымæн кæны йе ’фсины раз.
— Цæй, истытæ та акусæм, не ’фсин, стæй сихорафон куы суа,
уæд иæ галты бынтондæр суадзæм, и? — сыстад Сырдон йæ бына-
тæй æмæ йæ цæнгтæ батылдта. Акаст галты ’рдæм æмæ уыны:
схуыссыдысты сæ дыууæ дæр æд æфсондз æмæ рæдзæ-мæдзæ
кæнынц, сæ разы хуыссы Фатакуй дæр æмæ сæм йæ сырх æвзаг
мæстæймарæгау æвдисы... Цæй мæстæймарын æй æндавы ацы
кусгæйы, фæлæ йын тæвд у æмæ йе ’взаг раппæрста. \
— Уадзгæ сæ скæнæм, фæлæ хур куы акъул уа, уæд ма иучы-
сыл акусæм, стæй байтауæм æмæ баласæм, цы бакодтам, уый, —
амоны Зæрииæ. — Ногконд уымæл сыджытыл куы сæмбæлы тау-
инаджы нæмыг, уæд, дам, ныззабат кæны æмæ, дам, иу нæмыгыл
дыууæ æфсиры зайы, — бахудт Зæринæ йæхи ныхæстыл. — Кæд
дæ нæ уырны, уæд бафæлвар.
— Хорз, не ’фсин, хорз, бафæлвардзынæн, — сразы Сырдон,
галты сыстын кодта, фæстæмæ та сæ баифтыгъта дзывырыл æмæ
æфсæн сыджыты куы абырыд, уæд сыл бахъæр кодта: — Æйс,
æйс, къуыбырсытæ! Бирæ нал ис сихорафонмæ дæр, æнцайут!
Кæны хуым Сырдон, йæ зарæг та стахти йæ зæрдæйы рæбы-
нæй æмæ йæ сæрмæ йæ базыртæ тилы, тыбар-тыбур кæны, æр-
мæст ма йæм Сырдон Зæринæйы ныхæстæ бафтыдта:
Ой, хуымы фидыц, дам, йсе цъæх æфсир у,
Ой, хæдзары цæджындз дзæбæх æфсин у, ой!..
110
5
Сырдон хуымгонд фæци иу къуыримæ. Ныр æй фæндыди йæ-
хицæн ног хуым саразын йæ халагъуды фарсмæ, фæлæ галты аргъ
фидинаг у, æмæ багуыбыр Бурæфæрныджы хуымтæ кæныныл.
Æцæг, цыма нæ бамбæрста йæ фысымы койтæ, ома хорз зиууон
йæхи галтимæ фæцæуы хуым кæнынмæ, уыйау не сразы йæ галты
баивтындзыныл Фæрныджы хуымы, фæлæ йæхæдæг куыста, цы
йæ бон уыд, уымæй зæрдиагæй, æбузн лæг æй рахуыдтаид Бурæ-
фæрныг, уый йæм раст нæ касти. Æмæ дзы фысым дæр райгонд
уыди. Хъуг æлхæныны кой куы æркодта Сырдон, уæд æм лæмбы-
нæг æрыхъуыста. Фæнымадта йæхинымæр æмæ загъта, дыууæ
къуырийы мын куы бакусой Сырдон æмæ йе ’фсин, уæд хъуджы
аргъæй фылдæр слæудзæн, фæлæ ма мын исты куы авæрид, уæд
та хуыздæр. Æмæ базар кæнын райдыдта.
Сырдон бамбæрста, ацы лæг ын йæ хъуг афтæ аслам кæй нæ
ратдзæн, фæлæ ма уый дæр фæхатыд, — фæнды Бурæфæрны-
джы, исты ма йын куы акусид... Цæй, иу къуыри ма йæм фæкæс-
дзынæн хос кæрдынмæ, фæлæ дзы уæд хъуг æд род æрдомон...
Фæрабар-бабар кодта Бурæфæрныг æмæ йын кæд хъыг уыди
Сырдоны базар, уæддæр сразы — ахæм кусæджы ауадзын æй не
сфæндыд, стæй æбузн лæг кæй нæу, уый дæр рахатыд æмæ йын
фидæнмæ дæр бабæздзæн истæмæ фæкæсæгæн, йæхицæн никуы
зæхх ис, никуы фос, магуса та уый нæу, цы ми хъуамæ кæна, абон
ын йæ къух куы саразон, уæд мын фидæнмæ дæр кусæг цæттæ, —
банымадта фысым æмæ сразы Сырдоны фæндыл. Æцæг ма афтæ
бакодта: «Род дын лæвар дæттын, ме сиахс, фæлæ йæ дæ зæрдыл
дар!» Сырдон йæ мидбылты бахудти, лæвар нæу, нæ, мæ хорз
лымæн, мæ цонджы куыст у, фæлæ фод афтæ нымад дæр, хъуг
уал мæн зæрдиагæй хъæуы æмæ мæ цонджы тыхыл цы ауæрдон.
Стæй кæд фæхъуыртхъом уон, уæд ды мæн нал асайдзынæ, æз
дын æххуырсты нæ нæллæудзынæн!
Ацыд хуымгæнæн. Сырдонæн йæ хортæ æмхуызон сæвзæрды-
сты æмæ тарбын цъæх адардтой. Азылди сыл æмæ цингæнгæ æр-
баздæхт Зæринæмæ, цæрæм, зæгъгæ, нæ хуымтæ тугыл скъуы-
йынц, кæд сæ их нæ ныццæгъда, уæд нын зымæгваг уыдзысты.
Ныр сæ ницыуал хъæуы, фæлæ уал нæ хæдзары кой бакæнæм, нæ
зымæг нæ æдзæттæйæ куыд не ’рæййафа.
Æмæ иу-цалдæр къуырийы Сырдон æмæ Зæринæ сæумæцъæ-
хæй стадысты, уистæ кодтой æмæ сæ ластой галтыл халагъуды
цурмæ. Сырдон стырдæр уискъул хæдзар ныззылдта, йæ къултæ
йын дывæлдах сарæзта æмæ сæ байсæрста æлыгæй æддейæ-мидæ-
111
гæй. Æддаг къул сур кодта хуры хъарммæ, фæлæ мидæггаджы
дæр Сырдон арт кодта æрвылбон, цæмæй æмхуызон басур уыда-
иккой æмæ сæ уымæл мауал баззадаид. Æлыг, æцæг, дардæй хæс-
сын хъуыди, фæлæ сын галгуыфæй тынг зын нæ уыди. Зæринæ
дзырдта, дардмæ цæмæ хауæм, мæнæ нæ цуры æлыгæй фылдæр
цы ис, фæлæ Сырдон не сразы. Уый зыдта æлыджы хабар, Ала-
фарнæй æндæр цы базонæн уыд, æмæ ссардта ног сыгъдæг æлыг,
хъуырауы хорз кæмæй цыд, ахæм. Алафарнæн дæр æй нæма баца-
мыдта. Йæхæдæг æй Æлыгобау хуыдта, фæлæ цæй обау уыди —
Арпаданы былгæрон иу къардиуы фæлтæры разынд диссаджы
æлыг. Арты тæвд-иу куыддæр аныдзæвд уымæй арæзт мигæнæ-
ныл, афтæ-иу сырх кæнын райдыдта æмæ-иу куы сфыхти, уæд та
йæм цæст кæсынæй не ’фсæст. Сырдон дзы хъуырæуттæ æмæ къус-
тæ арæзта, фæлæ сæ æвдисгæ никæмæн кодта. Йæ мигæнæнты
судзгæ дæр Алафарны хуызæн æргом арты нæ кодта... Къардиуы
рæбын бакъахта чысыл байбын, йæ фарсмæ та — арф, уæрæх лæ-
гæтгонд æмæ уырдыгæй артгæнæн байбыны алыварс скодта хуын-
чъытæ, арты дзыхмæ тарæйттæ-тарæйттæ, ногарæзт æлыгæй дзау-
мæттæн æвæрæнтæ. Æддæмæ нæ зындысты, исчи йæ баййæфта,
зæгъгæ, уæд æнхъæл уыдаид, мæнæ Сырдон йæхи тавынæн сæн-
дзæрста арт, фæлæ арты тæфмæ хус кодтой йæ арæзт мигæнæнтæ.
Сырдон сæм арт кодта иугъæдон, стæй æхсæвæй-бонæй, уый фæ-
стæ-иу сæ радылдта æмæ та-иу ногæй арт бандзæрста. Куы-иу ба-
сур сты бынтон, рог æмæ-иу зæрдæхцон зæлланг куы райдыдтой,
ныхæй бацæвгæйæ, уæд сæ иста æмæ сæм ракæс-бакæс кодта — чи
сæ фæбæззыд, дзæбых сæ чи «басыгъд», зæгъгæ. Судзыны хабар
Сырдон йæхæдæг æрымысыд, Алафарн сæ йæ хъуыраугæнæн
хæдзары сур кодта къонайы алыварс æмæ Сырдон рахатыд, афтæ-
мæй мигæнæнтæ дзæбæх «сыгъд» кæй нæ цæуынц. Алафарн ын
цы мигæнæнтæ балæвар кодта, уыдонæй йæхиконд æмæ «сыгъд»
дзаумæттæ уыдысты бирæ хуыздæр: рогдæр, сæ хуыз цæсты аха-
дæндæр, сæ мидæг-иу сын дон куы ныууагъта, уæд-иу дыууæ боны
дæр уыцы уазалæй лæууыди. Æмæ Сырдон уый базыдта, ома канд
æлыджы хорзæй кæй нæ уыд йæ конд мигæнæнтæм ахæм мини-
уæг, фæлæ сæ «сыгъд» æндæр хуызы кæй цыди, уый фæдыл^дæр.
Нырма йæ тынг нæ уырныдта, йæ «сыгъды» хорздзинад æмæуйæ
хъæр уымæн нæ кодта. Стæй йæ «хъуыраугæнæджы» митæ уымæн
хиирхæфсæн уыдысты æмæ сыл арæх нæ хъардта йæхи. Фæлæ
ныр хæдзар куы баци, уæд лæмбынæг ныхъхъуыды кодта йæ хъа-
зæн митыл. Иу куыфыдзаг æлыг æрбаласта æмæ йæ изæрыгæтты
æвзæрста, стæй йæ нæмын райдыдта. Зæринæ йæм фыццаг хын-
джылæджы цæстæй касти, ома йæхи ирхæфсы, фæлæ йын йæ конд
112
мигæнæнтæ куы федта, уæд фæдисы: фæлæуу-ма, нæ лæг, хъуы-
раугæнæг дæр дæ, æви Алафарны фæзмыс мæ цæстмæ?
Сырдон ницы сдзырдта, ома уал сæ «сыгъды» фæстæ фен æмæ
уый тыххæй уæд адзурдзыстæм. Æмæ йæм уæд Зæринæ дæр йæ
хъус нал дардта, ома, уадз æмæ йæхи ирхæфса, мæнæ цалынмæ
хосгæрдæн не ’рцæуа, уæдмæ; хæдзар арæзт фæци, ног куыст ын
æндæр ницы и æмæ цы кæна!.. Зæринæ-иу райсомы зылдтытæй
куы схицæн, уæд-иу сæхимæ ацыд, уым дæр кусинæгтæ уыди,
хæдзары фарсмæ цæхæрадонмæ æркæсын хъуыд, науæд æй сы-
вæллæттæ ныссæстаиккой, ома йæ хицау афардæг æмæ ма йыл цы
ауæрдæм. Сихорафонмæ-иу не ’рбацыд æмæ уыцы иунæг рæстæ-
джы Сырдон та йæ æлыгæй дуне арæзта.
Иуахæмы йæ æлыг змæнтгæ æмæ æууæрдгæ æрбаййæфта йæ
хистæр æфсымæр Хæмыц. Сырдон афтæ зæрдиагæй архайдта
æлыгимæ æмæ цалынмæ Фатакуй срæйдта, уæдмæ ницы фæха-
тыд. Рæйдмæ фæкаст æмæ Хæмыцы бур, пыхцыл рихитæ æмæ
хæлиудзых худт куы ауыдта, уæд йæ цæсгом фæтар, хъыг ын
уыди йе ’рбацыд. Уырызмæгимæ ма уæддæр фидыдта Сырдон йæ
сабийы бонты, фæлæ Хæмыцимæ рагæй дæр сæ дон нæ рæсуг
кодта. Хæмыцмæ фыццаг хъыг касти, Сырдон Уырызмæджы ны-
хасмæ кæй хъусы, йæ цумайыл дыууæ кæй никуы фæдзуры, хæ-
мыцы коммæ та зивæгæй кæй кæсы, уый. Цалдæр хатты йæ нæм-
гæ дæр ракодта, ома кæд тæрсид йæ кæстæр æмæ йæм хъусид.
Фæлæ алы нады фæстæ Сырдон ноджы хивæнддæр цы кодта,
æндæр ын ницы ком лæвæрдта. Куы фæасдæр, уæд та дзы йæхи
хызта æмæ-иу Хæмыц кæм фæзынд, уырдыгæй-иу дард ацыд...
Ныр ын уыйадыл тынг хъыг уыди йе ’рбацыд, фæлæ йæхи нал
басаста, Хæмыц ын, «Дæ райсом хорз» куы загъта, уæд æм уый
дæр сдзырдта: «Æгас цу». Хæмыц ма цы загътаид, уый нал зыдта.
Йæ цирхъы сæрыл хæцгæйæ, нысхъæл, былысчъилæй худти æмæ
каст Сырдоны æлыгæйдзаг къухтæм. Сырдон исдуг æнцад алæу-
уыд, æнхъæлмæ каст, цы зæгъдзæни Хæмыц, йе ’рбацыды сæр цы
у, стæй афæнд кодта Хæмыцы куыдзы тард фæкæнын, фæлæ йæ
хыл кæнын нæ фæндыди — йæ мыггагæй куы фæхицæн, сæ ныха-
сæй куы ралыгъд, уæдæй фæстæмæ йæ зæрдæ æнцой уыди, æф-
хæрд æмæ йæм уайдзæф никуыуал æрхауд æмæ йæм зын касти
ныр ногæй гуымир ныхæстæ æмæ загъдмæ æрæвналын. Йе ’вза-
джы цъуппыл рауай-бауай кодтой карздæр фидистæ, фæлæ йæхи-
уыл ныххæцыд æмæ йæ сабыр хъæлæсæй бафарста:
— Цы хур-цы къæвда дæ æрбахаста, ме ’фсымæр, мæ хала-
гъудмæ?
— Хур дæр нæ æмæ къæвда дæр, фæлæ фехъуыстон, цыма нæ
8 Сырдопы цæссыггæ
113
гæбæр тæрхъус ам иу къутæры бынмæ æрбалыгъд æмæ йæ, зæ-
гъын, абæрæг кæнон, кæд æй, мыййаг, рувæстæ ацъацъа кодтой,
уæд ма йын йе стæгдар уæддæр фæдæлсыджыт кæнон, ха-ха-ха! —
йæ дзыхыдзаг ныххудти Хæмыц æмæ йæ зыкъуыритæ фындз адауд-
та йæ фæтæн армæй, йæ чысыл сæгъдзæстытæ цы ахæроны ир-
вæзтытæ кодтой. Сырдонмæ афтæ фæкаст, цыма йæ зачъетæй фæз-
зыгон цæуы тæф кæлы æмæ йæм ноджы æлгъагдæр фæзынд, цы
уыд уымæй.
— Дæхи дын искуы искæй ефсы фарсмæ мардæй куы ссарой,
ууыл никуы ахъуыды кодтай? — цъынддзæстæй йæм хæрам каст
бакодта Сырдон.
— Ды цы ефсыты кой кæныс, гæбæррагъ, — йæ бырынкъыл
ноджы уæлдæр схæцыд Хæмыц, — уыдон мæнæн коммæгæс сты.
Мæ дæндаджы æрттывд сæ цæстыл куы ауайы, уæд уайтагъд се
рагъыл атулынц æмæ мæнæй уый минасы фынгыл багуыбыр вæй-
йы, — æппæлы Хæмыц.
— Уыцы дæндаджы хорзæхæй дын дæ сæр кæй ракодтой, дзæ-
гъæлдзу уырс дæ кæй сарæзтой, уый дæр не ’мбарыс? — смæсты
Сырдон, фæлæ ма йæхи уромы.
— Цы, цы?! — фæмæсты Хæмыц, фæлæ Сырдоны дæлгоммæ
ныхас дзæбæх кæй нæ бамбæрста, уыйадыл нæ зоны, хылыл ныл-
лæууа, æви ма иучысыл багæдзæ кæна.
— Ницы!.. Кæддæр дæхиуыл бындз абадын нæ уагътай — æз
дæр лæг дæн! Æз Уырызмæгæй нæ дæр кæстæр дæн, нæ дæр
цауддæр! Никуы мæ ницæмæй фæраздæр нæ дæр стæры, нæ дæр
лæгæй-лæгмæ хæстыты. Нæртон фæсивæдæн уый нæ, æз хъуамæ
уон хистæр!.. Афтæ нæ уыд æви?
— Æмæ цы, æви мын дæхийау гæбæркъуди æмæ тæрхъусы
лæппын æнхъæл дæ? Æз уыдтæн æмæ дæн! — сæрыстырæй дзуры
Хæмыц, фæлæ уæддæр не ’мбары, цæмæн мысы уыдæттæ Сыр-
дон, цы йæ зæгъын фæнды.
— Ницы уыдтæ æмæ ницыйæ баззадтæ!.. Сатана дын уыцы
дæндаг радта æмæ уæдæй фæстæмæ адæмы ефсыты фæдыл, мыр-
рытт уырсау, дæ комы фынк калгæ рауай-бауай кæныс... Уыд
Хæмыц æмæ нал ис, рухсаг уæд!..
— Цытæ рæйыс, цы, куы ницы дын æмбарын? Æви мæ ме ’фсы-
мæрыл ардауыс? — архайы Хæмыц Сырдоны ныхæстæ райхЪгы-
ныл. — Æви дæ де рагъ схордта? Уый уыдзæн æнæмæнг, рагæй
дыл нал аныдзæвд мæ тымбыл арм... I
— Цы уый зоныс, мæ сымаггæнаг æфсымæр?! Кæд дæ исты
хъуыддаг ис, уæд æй зæгъ, науæд дæ фæндагыл цу, æндæра тым-
был къух алкæмæн дæр ис, — ныр æцæг рамæсты Сырдон æмæ йæ
114
цæст йæ алфамблай ахаста: Ардагъуйы лæдзæг йæ фарсмæ къулы
æнцой лæууыд æмæ афæнд кодта, уымæй йын йæ сæр ныппырх
хъæуы!..
— Хъуыддаг дæр цæуылнæ, дæ фенынмæ, мыййаг, не ’рбацыд-
тæн! — хæлиудзыхæй та зылын худт кæны Хæмыц æмæ йæ сæгъ-
дзæстытæ хæтынмондаджы дзагъултæ кæны. Сырдон ацахста уыцы
каст æмæ йæ зæрдæ атыппыр, хъуамæ йæ лæдзæгæй ныххафтаид,
фæлæ ма йæ бон баци Хæмыцы ныхасмæ кæронмæ байхъусын. —
Фехъуыстон, зæгъгæ, дам, ус æрхастай!.. Алæгатæ, дам, дын чызг
радтой!.. Чызг! Ха-ха-ха... Диссæгтæ!.. Хæмыц дын уым чызг ныу-
уагъта!.. Куы йæ басгарин, зæгъын, цавæр чызг ма дзы ссардтай!..
— Фесæф ардыгæй, хæрæг! — ныццæлхъ ласта Сырдон. —
Цæугæ! Науæд дæ ам хуыйы ’рдызт бакæндзынæн!..
— Гъе-гъе! — йæ цъæнутгъуыз æрфыгыл бæрзонд схæцыд Хæ-
мыц. — Стæй, дам, мард тæф нæ уадзы! Уæдæ уый циу, нæ гæ-
бæррагъ мыл куыд стæф кодта, хъылмайы тæф!.. Ха-ха-ха! — ба-
цырд ис Хæмыц, æхсызгон ын уыди, кæй йыл схъæр кодта, уый —
ныр мын йæ ранæмыны ’фсон фæцис!..
Сырдон ахъуыды кодта, амæй афтæ нæ фервæздзæн лæг, нæ-
мын æй хъæуы. Хуыцау, арс мæ фестын кæн! Мæхи армæй йæ
куы фæнæмон, уæд мæм цæрæнбонты маст хæсдзæн æмæ мæ лæг
марын бахъæудзæн, — скуывта Сырдон æмæ фæхъæр кодта:
— Арс! Дæхи хиз!..
Хæмыц йæ цирхъы сæрмæ фæлæбурдта æмæ фæстæмæ фæзылд.
Тæккæ уыцы уысм йæ чъылдымыл сæмбæлд Ардагъуйы лæдзæджы
уæззау цæф, йæ хъустыл та ауад арсы богъ. Фæзылди ма Хæмыц,
ауыдта æнахуыр стыр арс йæ фæстæгтыл лæугæйæ æмæ мæцъисыл
дыууæ дзæмбыйæ хæцгæ. Йæ уд йæ къæхты бынæй ауад, фæлæ ма
уæддæр цирхъ фелвасын йæ къухы бафтыд, стæй дыккаг цæф йæ
уæхскыл куы ’руад, уæд йæ цæстытæ атартæ сты æмæ зæххыл йæ
цæлхъ фæцыд. Дыууæ цæфы ма йæ фæкодта Сырдон лæдзæгæй
æмæ йын йæ фæрсчытæй асаста æртæ, асаста йын йæ зæнджы хъæл
дæр æмæ стæй фæстæмæ йæхи хуызы бацыд. Тыхулæфт кодта
фырмæстæй, афтæмæй йæ раздæры бынаты æрбадт...
Ныр цы чындæуа ацы куыдзæн? Мæлгæ куынæ акæнид, на-
уæд ме ’фсон фæуыдзæн... Фестад, хæдзарæй донæй едзаг къæрта
раскъæфта æмæ йыл æй иу калд бакодта. Уый фæхос Хæмыцæн:
схъæрзыдта æмæ чысыл сызмæлыд. Сырдон бацин кодта: удæгас
у æмæ ныр арсы ’фсон фæуыдзæн йæ над, стæй йæ кæд сылты
фæдыл зилын дæр ферох уаид.
Æрæджиау ма йыл ноджы иу къæрта дон бакалдта æмæ уæд
Хæмыц йæ цæстæй ракаст æмæ та схъæрзыдта. Сырдоны йæ уæл-
115
хъус лæугæ куы федта, уæд та йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ
мæллæг хъæлæсæй бафарста:
— Цы фæци арс?..
— Æнæхайыр фод, алыгъди!.. Æз ма хæдзарæй фат æмæ æрдын
бæргæ раскъæфтон, фæлæ уæдмæ алыгъд!.. Йæ фæдыл ауайын та
æз нæ бауæндыдтæн, — тæфæрфæс кæны хин хъæлæсæй Сырдон.
«Ды куынæ ацæуай йæ фæдыл!.. — хъуыды кæны Хæмыц, —
Цъыззыйы къуылых!.. Æвæццæгæн йæ быны мизынтыл фæци...
Фат æмæ æрдын раскъæфта!..» — Уый нæ уырныдта Хæмыцы,
фæлæ йæ цæстытæй дыккаг хатт куы ракаст, уæд æцæг федта
Сырдоны фат æмæ æрдынимæ, лæдзæгæн йæ кой дæр нал уыд,
Сырдон æй хæдзармæ бахаста æмæ йæ къуымы бамбæхста.
— Дæхиуыл схæц, ме ’фсымæр!.. Худинаг у, арсы цæфæй афтæ
хъуамæ ахауай? — хæнджылæг скъæры Сырдон. —Алæма, кæм
дын риссы? Дæ уæхск, зæгъыс? А-а, æцæг, æцæг, бæхбæттæн цъæл
у! Уый, дам, риссаг вæййы, афтæ фехъуыстон. Дæ фарс дæр рис-
сы?.. Æвæццæгæн фæрсчытæ саст сты... Уымæй ма тæрс, тагъд
дын бахсиддзысты... Уæраджы хъæл дæр?.. Мæнæ диссаг — уый
фыддæр у, уæд дын, сæгъау, дæ къахыл фæрсчытæ æвæрын ба-
хъæудзæн. Æмæ цы, Бурæфæрныг дæсны у фæрсчытæ æвæрын-
мæ, йæ сæгътæй искæй къах асаст, уæд ын йæхæдæг хос кæны!
Æцæг, дам, дæм цыма мæсты у. Афтæ дзурынц, æниу, чи зоны,
раст нæу, фæлæ, дам, ын цыма йæ усмæ дæ дæндаг бавдыстай
æмæ кæмдæр йæ хъустыл æрцыди. Цæй, ницы кæны, кæд нæ разы
кæна, уæд ын фос ныббæтдзыстæм æмæ йæ зæрдæ нал фæлæудзæн...
Хæмыц бамбæрста, хынджылæг дзы кæй скъæры, йæ арсы
надыл кæй фæради Сырдон æмæ ноджы йæ маст скъуыди, фæлæ
йæ бон фезмæлын нæу æмæ цы кæна? Фæлæуу, гæбæркъуди, кæд
ма мæ къæхтыл слæууон, уæд дын ацы маст æз де рагъæй сисдзы-
нæн! Æцæг, худинаг у, арс мæ фæнадта чи фехъуса, уый мыл
æххы-ту фæкæндзæн... Æниу æй чи федта ацы гæбæррагъæй дард-
дæр, зæгъдзынæн, уæйгуытæ мыл нымбырд сты иу дзугæй æмæ
мын мæ царм астыгътой... Æз дæр дзы иу-фондзы рафæлдæхтон,
фæлæ иуæн дыууæ — æфсад! Мæныл та фынддæсæй равварс сты!
Ацы тæрхъус æй ныццитт-цитт кæндзæн, фæлæ йыл мæ цуры чи
баууæнддзæн? Нæхимæ ма куы баирвæзин, уæд мын Сатана кæд
йсты схос кæнид... Фæлæ мæ бон фæзилын цæуылнæ у?
Хæмыц тыхæй-фыдæй йæ рахиз цонг систа, цæф ын галиу уыди,
æмæ дзы Уæллаг Нартмæ ацамыдта:
— Суай æмæ зæгь, тынг цæф дæн æмæ мæм куыд цæуой, Сата-
найæн зæгъ.
— Æмæ дзы фæдис цæмæн хъæуы, ме ’фсымæр? — йæ^шнæй-
116 I
дзаг худт хъазы йæ цæсгомыл Сырдонæн. — Мæнæ галтæ баиф-
тындздзынæн æмæ дæ сласдзынæн. Афтæ хуыздæр уыдзæн. На-
уæд айхъуысдзæн: хъæдрæбын, дам, Хæмыцы арс надæй астыгъ-
та!.. Уый худинаг у. Фæлтау дæ æз сласдзынæн æмæ мæ чи фæр-
са, уымæн дзурдзынæн: уæйыг æй рацæфтæ кодта, зæгъгæ...
— Уæйгуытæ!.. — сдзырдта Хæмыц æмæ та йæ цæстытæ ба-
цъынд кодта: ай нын æцæг фыдбылызæн куы равзæрд!.. Мæ хъуы-
ды та мын цæмæй базыдта?..
— Æмæ æз дæр уый куы зæгъын: уæйгуытæ! Бирæ уæйгуытæ!
Сæдæ-сæдæ уæйыджы дыл равварс, се ’рдæг сын фæцагътай, ин-
нæтæ дæ чысыл рацæфтæ кодтой... Уымæн ницы у... Фæлæ дис-
саг! Дæ цирхъы комыл туджы ’рхъис нæй... Уæд та иу сæгъ рар-
гæвдин æмæ йæ уый тугæй сахурин?..
«Сджидзæггаг мæ кодта ацы хæрæг æмæ ма йын цы кæнон?..» —
Рамæсты Хæмыц, растын фæлвары, фæлæ йыл цыдæр хуыфæг
андæгъд — ныррызт, ныххуыфыд æмæ туджы гуппар схаудта йæ
хъæлæсæй. Сырдон бацин кодта:
— Хуыздæр фæу, ме ’фсымæр, ныр дын æй дæхи тугæй сахор-
дзынæн æмæ уæйгуыты цагъд алкæй дæр бауырндзæни!..
Систа Сырдон Хæмыцы цирхъ, туджы йæ сахуырста. Йæ сæры
фæзынд æвиппайды: ацы куыдзæн йæ рихи ныддасын хъæуы, на-
мыс ын кæй нæй, уый алчи дæр куыд уына! Фелвæста йæ чысыл
кард æмæ йæ æрсæрфтытæ кодта рахиз рихийыл — Хæмыцы ри-
хийы бынат фæлурс уадздзагæй аззад, сыгъды нуæсау. Хæмыц
базыдта, цыдæр фыдбылыз та йын кæй кæны æмæ цъынддзæстæй
афарста:
— Уый та ма цы ми кæныс?
— Куы ницы, мæнæ дæ тугæй хъулæттæ кæнын, ома дыл уæй-
гуыты туг ныххæцыд, — худы Сырдон æмæ Хæмыцы цæсгом æв-
дулы туджы. Хæмыц æмбары, уый мастисæн ми у, фæлæ йæ бон
ницы уыд æмæ йæ уадултыл цæссыгтæ фæзынди.
— Кæугæ? Худинаг, худинаг, ме ’фсымæр! Дæхиуыл фæхæц,
уæйыгмар! Ныртæккæ галтæ аифтындздзынæн æмæ дæ раст фа-
джысы куыфы ласт скæндзынæн! — баныфс æвæрдта Сырдон æмæ,
æцæг, галтæм фæцæуæг.
6
Сырдонæй ферох, хынджылæджы охыл кæй схауд йæ дзыхæй
уæйгуыты хабар, фæлæ уый Хæмыцы зæрдæмæ тынг фæцыд æмæ
йæ над уæйгуыты æккой сæвæрдта. Сослан æй бæстон фæрсын
куы ’рымысыд, уæд радзырдта: уæйгуытыл фембæлд авд хохы
117
æдде иу комы, уыдысты æвæджиауы бирæ, сæ фылдæр сын фæ-
цагъта, фæлæ йæ иннæтæ æрбырстой æмæ йæ марды ’фсон ныу-
уагьтой. Куы ’рчъицыдта, уæд ма йæ тæвдæй хъæдрæбынмæ æр-
хæццæ, стæй уым ахаудта æмæ йæ Сырдон ссардта... Хорз уыд
æмæ ма йæ удæгасæй схæццæ кодта Сатанамæ.
Сослан уыцы ныхæстæ йæ зæрдæмæ бахаста æмæ æрымысыд
йе ’мгæрттимæ уæйгуытæм ныббырсын. Бирæ фæзылдысты, фæлæ
никуы никæуыл хæст кодтой. Уæд иу бон, кæддæр Сырдонимæ чи
схæлар, уыцы лæппу, — ныр уый лæг уыди! — цыдæр йе ’намон-
дæн схаудта се ’мбæлæн рагъмæ. Саджы мард уыди йе ’ккой, уый
æрæвæрдта æмæ æрбадти, йæхимидæг æнхъæл уыди, чи зоны та
Бирæгъы лæппын дæр ардæм схауа æмæ та фембæлой, рагæй нал
федтой кæрæдзи...
Уыцы хъуыдыйыл куыд уыди, афтæ йæ суыдтой Сослан æмæ
йе ’мбæлттæ. Хъуызын æм байдыдтой æмæ йæм фатæхстмæ куы
бацыдысты, уæд сын Сослан афтæ зæгъы: «Æргом хæсты йын ницы
бакæндзыстæм, фæлæ йын æз йæ цæст акъахдзынæн æмæ ууыл
куыд фæуа, афтæ йæ архъантæй сбæттæм æмæ йæ удæгасæй нæ-
химæ ныттæрæм, нæ диссаг куыд баззайа! Стæй дзы уæд фатæй
милмæ æхсæн сараздзыстæм... Нарты сабитæ цинæй куыд мæлой
нæ диссагыл!»
Уæйыг ницы æнхъæл уыди æмæ йыл Сосланы сайд æрцыд...
Фат ыл рæстмæ не суад, фæлæ цæст акъахта æмæ æрфыджы кæрон
стæгæй иу фарк йемæ ахаста. Уæйыг сæрдиаг кодта, йæ цæстытæм
фæлæбурдта къухтæй æмæ сыл ныххæцыди, афтæмæй ратул-батул
систа богъ-богъгæнгæ. Раст æй уыцы афон æрцахстой Нарты фæси-
вæд, сбæстытæ йæ кодтой, афтæмæй йæ ратардтой сæ разæй Уæл-
лаг хъæумæ. Ныхасы йæ ныппæрстой дæлгоммæ æмæ йыл стырæй,
чысылæй сæ тых æвзæрстой, къахæй йæ цæф кодтой, лæдзгуытæй
йæ надтой. Ныххуыссыд дæлгоммæ Сагсур æмæ йæ дзыхæй хъып-
сыпп нæ хаудта. Уырызмæг хистæр кæм уыди, уым ыл фарста код-
та, фæндыд æй, уæйгуытæ кæм цæрынц, цæмæй хæцынц, цæмæй
хъæздыг сты, уыдæттæ базонын, ома сæ кæд исты фæпайда кæнин,
фæлæ уæйыг ницы дзырдта, æрмæст æм йæ иу цæстæй касти,
хуынчъытæ йæ кодта, æмæ Уырызмæг æмбæрста: искуы йыл иунæ-
гæй куы рахæст уаид, уæд æй ныкъкъабæзтæ кæнид.
Нæй, амæн удæгасæй уадзгæ нал у, марын æй хъæуы, — сфæнд
кодта Уырызмæг, — хорз уаид, бæргæ, ауадз æй æмæ йæ фæдыл
уæйгуыты бæстæм бафт, базон сын сæ бынат, сæ митæ, сæ тых,
стæй сын исты фыдбылыз самал чындæуид... Фæлæ ай ахæм куы-
дзы мыггаг у æмæ нæ фæцæудзæн йæ бæстæм, ницыдæр хъæр
скæндзæн. Цæй, иу фæлвæрд ма йæ бакæнон...
118
— Зæгъ-ма, уæйыг, удæгасæй дæ куы ауадзæм, уæд нын цы
хорзы бацæудзынæ? Хъуамæ йæ æмбарай, нæ лæджы нын мæлæт-
дзаг фæкодтат æмæ уын уый афтæ нæ батайдзæн, мах æфхæрд
никæмæн барæм, уæйыг нæ, фæлæ Хуыцау куы феста, уæддæр!
Уырызмæг æнхъæл уыди, уæйыг фæтæрсдзæн æмæ йæ сæр
бавæрыны тыххæй исты баныфс æвæрдзæн. Фæлæ уæйыг ницы
зыдта йæ сæрæн: ацы адæмæн никуы ницы кодта æмæ йæ цæмæн
марынц? Цæй лæджы бафхæрдтой? Чи йæ бафхæрдта? Никуы
никæй бафхæрдта ацы адæмæй. Иу лæджы зыдта йæ сабийы бон-
тæй фæстæмæ æмæ уыимæ хæларæй цард, стæй йæ уынгæ дæр
рагæй нал фæкодта... Кæй ма дзы фæкодтой мæлæтдзаг? Никуы
фехъуыста уæйгуыты хъæуы ацы адæмы кой, зонгæ дæр сæ, æвæц-
цæгæн, йæхицæй дарддæр ничи кодта... Кæцæй æрхауд лæджы
марыны кой?
Уæйыг бирæ фæхъуыды кодта æмæ стæй бафарста:
— Чи у уыцы лæг, мах кæй бафхæрдтам? Кæд удæгас у, уæд
мын æй фенын кæнут, стæй дзурдзыстæм.
Уырызмæг фæтыхсти: дзургæ раст кæны, кæд Хæмыцы нæ-
мæг адон уыдысты, уæд æй Хæмыц базондзæн æмæ уый тасæй
уæддæр кæд исты зæгъид...
— Уый дын фенын кæндзыстæм, фæлæ дзы цы рамбулынмæ
хъавыс? Уый ам куы уаид, уæд афонмæ удæгас нал уаис! Куы
йæм лæбурдтат, уæд уæ кæй фæцагъта, уыдон ми дыл æрцыдаид
афонмæ! Мах дæ барæй не схъæр кодтам... Ноджыдæр ма дæ
фæнды йæ фенын?
— Фенын мын æй кæнут! Уый мæнг ныхас у! Мах никуы ни-
кæй амардтам!.. Ничидæр нæхицæй фæмард, уæд æй æз фехъуыс-
таин. Æз æндæрæбон райсом рацыдтæн нæхицæй цуаны æмæ иу
лæг дæр нæ уыд махæй чысыл цæф дæр. Мæлгæ та нæ, мæхи куы
базыдтон, уæдæй фæстæмæ ничи акодта.
— Сайыс, сайыс! — схъæр кодта Уырызмæг. — Фæлæ раст цы
уыди, уый дзур!
— Фенын мын кæн, кæй бафхæрдтам, уый. Стæй дзурдзынæн,
дæ алы фарстæн дæр дзуапп уыдзæн, — загъта уæйыг тызмæгæй.
— Хорз, кæд дæ цæрын нал фæнды, уæд бар дæхи, — сразы
Уырызмæг. — Фæдзурут Хæмыцмæ!
Сабитæ азгъордтой Хæмыцмæ. Уый нырма æдæрсгæ нæ цыд
йæ къахыл, фæлæ уæйыджы кой фехъуыста æмæ ныр сфæнд код-
та йæ нады æцæгдзинад бавдисын нæртон фæсивæды раз: ным-
мардзынæн уыцы куыдзы, цыма дзы мæ маст исын, уый хуызы
æмæ мыл уæд ничиуал фæдызæрдыг уыдзæн!
Хæмыцæн йæ бæхбæттæн байгас, фæлæ йæ къух нырма лæ-
119
мæгъ уыд æмæ загъта, фатæй ницы бакæндзынæн, фæлæ йæ цир-
хъæй æркæрддзынæн. Райста йæ цирхъ æмæ йæ лæдзæджы хаст
кодта, йе ’нцæйтты цыди йæ цæф къахыл...
Раст уыцы рæстæджы Сырдонмæ дæр фæфæдис и Зæринæ
Алæгаты хъæуæй: цæйдæр уæйыджы марынц Уæллаг Нарт æмæ
нæм уæйгуытæ куы фæхæрам уой, уæд нын ам цæрæн нал уы-
дзæн, æхсæвæй-бонæй тасы бын уыдзыстæм, ма йæ бауадз ма-
рын, кæд дæ бон у, уæд!
Сырдоны зæрдæ ныссæххæт кодта: ме ’мгар ма уа, ам æввæхс-
ты æндæр никуы ис уæйгуыты цæрæнуат, цæуын хъæуы... Æмæ
йæ кæд нæ фæндыд йæ мыггаджы ныхасмæ цæуын, уæддæр араст
æмæ чысыл куы рахицæн сæ хæдзарæй, уæд лыгъд радта: Сослан
кæм уа, уым марыныл нæ бацауæрддзæн, удæгасæй ма йæ кæд бай-
йафон, уæд уыцы æнамонды ратонын хъæудзæн мæлæты дзæмбы-
тæй... Хорз у æмæ Ардагъуйы лæдзæг рахастон, цы нæ фæвæййы,
мыййаг, хыл куы расайа, уæд дзы æвыдæй ирвæзæн нал уыдзæн...
Сырдон æмæ Хæмыц иу рæстæджы схæццæ сты ныхасмæ.
Сырдон фæстæты хъуызæгау бакодта æмæ йæм ничи йæ хъус æр-
дардта, фæлæ Хæмыцы Уырызмæг куыддæр ауыдта, афтæ бар-
джыны хъæр фæкодта йæ размæ:
— Мæнæ, гъе, дæ марджытæй иу, ме ’фсымæр, æмæ йын тæр-
хон дæхæдæг фæу! Йæхи дæр афтæ фæнды, фенын, дам, мын æй
кæнут!
Уæйыг лыстæггай ныккаст Хæмыцы пыхцыл рихитæм æмæ йæ
чысыл сæгъдзæстытæм. /Еввахсдæр æм куы бацыди, уæд худын
райдыдта хъæрæй, æмæ хохы сæрæй къæдзæхы райхæлдау уыд
йæ худын. Хæмыц хорзау нал фæци, тæрсгæ дæр дзы фæкодта,
фæлæ сæрæй къæхтæм фидар тыхт кæй уыд гæрзбæндæнтæй, —
куы йæ æркодтой хъæумæ, уæд ын йæ архъаны бæстытæ раивтой, —
уый ныфсæй фæхъыллист кодта:
— Æтт, хæрæг, ноджы ма худгæ кæныс! — ауагъта йæхи Хæ-
мыц æмæ хъуамæ ныххафтаид уæйыджы цирхъæй, фæлæ йæм
Уырызмæг фæраздæр.
— Фæлæуу! Фæстæмæ! — Хæмыц фæлæууыд. — Афтæ маргæ
нæу, бафæрсон уал æй, цæмæн сæм æрцыд нæртон лæджы мары-
ны фæнд. Æрбад мæнæ мæ дæле æмæ йæ иумæ бафæрсæм, стæй
ам нæ уыдзæни, мастисыны фадат дын чи исы...
— Уый цæуыл ныххæлиу кодтай дæ дзых, хæрæг! — фæхъæр
кодта Уырызмæг уæйыг лæппуйыл дæр.
— Уæ хорзæхæй, мæн амарут, фæлæ уæ иу зонды лæг ничи
ис? Айхуызæн дæлæмæдзыд фæцагъта уæйгуыты? Æвæццæгæн
æй йæхæдæг æрымысыд æмæ уæ бауырныдта... Диссаг у, уæ зонд-
120
джыны кой ма цæмæн ис уæйгуыты зæххыл? Ацы цъæнутрихи иу
уæйыджы куы федтаид, уæддæр лидзæг нæ фæуыдаид? Кæд уæ
нæ уырны,уæд мын æрмæст мæ къæхтæ райхалут æмæ мæ цæвæд
йæ цирхъæй, кæддæра мын цы ракæнид, — мæсты худт кæны уæйыг.
Хæмыц бамбæрста, йæ худинаджы рæстæг æрхæццæ æмæ ацы
куыдзæн йæ дзых цирхъы комæй ныхгæнын хъæуы, фæстиатгæ-
нæн нал ис, науæд ма ноджы исты æрымысдзæн...
— Æтт, хæрæгæй чи рантыст! — иу сæнт хъыллист фæкодта
Хæмыц æмæ уæйыгмæ фæтæхы, цирхъ бæрзонд фæхаста, афтæ-
мæй. Нырриуыгъта йæ тых, йæ бон цы уыд уымæй, фæлæ йæ
цирхъ уæлдæфы цæуылдæр сæмбæлд æмæ йæ къухæй асхъиудта.
Фæкаст фæрсмæ æмæ — йæ разы лæууы Сырдон лæдзæджы æнцой.
— Дæу та дзы цы хъæуы, хæрæг! — йæ къухтæ фæтымбыл кодта
Хæмыц æмæ бабырста Сырдонмæ. Хъуамæ йæ тымбыл къухæй
фæцæф кодтаид, фæлæ йын Сырдон лæдзæг йæ риумæ фæдардта.
— Сабыр, сабыр, ме ’фсымæр, хъыллист ма кæн, дæ хъæрæй
чи фæтæрса, уыцы сабийы искуы æндæр ран бацагур, — сабырæй,
фæлæ тызмæг цæсгомыл та æртхъирæн фыст, афтæмæй дзуры
Сырдон Хæмыцмæ.
Хæмыц базыдта йæ бон, хылæй ницы рахæсдзæн æмæ йæ бы-
натмæ ацыд:
— Дæ амонд у, гæбæркъуди, æмæ ныхасы фарны ’фсæрмæй
ирвæзыс, æндæра дын ам дæ царм къоппæй раласин! — загъта ма
йæхи раст кæнынæн æмæ банцад.
Хæмыц ныхъхъус и æмæ уæйыгмæ лæбурын йæ зæрды нал ис,
уый куы базыдта Сырдон, уæд йе ’ргом Уырызмæгмæ раздæхта:
— Мæ зондджын æфсымæр, ацы лæджы цæуыл марут, цы уын
кодта, кæд бафæрсын аипп нæу, уæд?
— Куыд цы кодта?! — фæхъæр кодта Уырызмæг, ам та кæй
февзæрд Сырдон, уый йын хъыг уыди: иу æхсæв ныхасæй куы ацыд,
уæдæй фæстæмæ æнцой уыди Уырызмæг, нæртон хистæр! Йæ
дзырдыл дыууæ ничиуал загъта. Ныр та уыимæ быцæу кæн, дзу-
рынмæ йыл дауджытæ дæр нæ фæтых уыдзысты. — Æви йæ ды
дæр нал зоныс? Ды йæ куы ’рбаластай, уæд ма уый цы фарст у?!
— Раст зæгъыс, ме ’фсымр, æппæтдæр раст! Йæ рихи дæр ма
йын ныддастой уыцы уæйгуытæ! Фæлæ уыдон аххос цы уыди? —
йæ худæг тыххæй уромы Сырдон.
— Куыд цы, уыдонимæ нæ хæцыд? — загъта Уырызмæг, æмæ
фæдызæрдыг: ай цытæ дзуры, йæ рихи æцæг даст куы уыди, уæд
цæмæн, уæйгуытæ, сæрдасæн циу, уый зонгæ дæр куынæ кæнынц?
Ам цыдæр æмбæхст и, ацы фыдбылыз та цыдæр зоны æмæ йемæ
быцæуæй нæу, науæд та лæджы фæхудинаг кæндзæн.
121
— Чи зоны, — дæлгоммæ ныхас кæны Сырдон. — Фæлæ, Хæ-
мыц, дæхæдæг нæ дзырдтай, фондз лæджы дзы рафæлдæхтон? —
хъæрæй бадзырдта Хæмыцмæ.
— Дзырдтон æмæ цы мæнг загьтон! — сразы æнæрхъуыдыйæ
Хæмыц.
— Дæ къух мæм авæр! Фондз уæйыджы амардтай, фæтудж-
джын нæ кодтай уæйгуытимæ æмæ туг бафидыны бæсты ноджы
æхсæзæмы дæр куы аргæвдис, уый дæ фæнды? — барæй йæхи
мæстыхуызæй æвдисы Сырдон. — Хорз адæм, цæмæн рамардта
Хæмыц фондз мæгуыр уæйыджы, цæмæн нæ фæтуджджын код-
та? Рухсаг уæнт цагъды адæм!.. — йæ сæр дæлейау æруагъта Сыр-
дон, стæй йыл бæрзонд схæцыд. — Уырызмæг, ды нæртон адæмы
зонд æмæ сæр дæ, раст тæрхон фæу: фондз уæйыджы амар, æх-
сæзæммæ дæр марæн кард дар, уый дæм раст кæсы?
— Фæлæуу-ма, æмæ дæу чи сæрылхæцæг кæны уæйгуытæн? —
фæрсы хистæр.
— Æз хæцын æрмæст рæстдзинады сæрыл! Æмæ йæ зонут:
Нарт тыхджын æмæ хорз уæд уыдысты, ном æмæ кад лæгæй-лæг-
мæ хæсты куы агуырдтой рæстаг хъуыддаджы сæрыл!.. Ай та циу?!
Иу æнамонд лæджы æрцахс, йæ уæнгтæ йын гæрзтæй сбæтт æмæ
йыл стæй ныхасы сабитæн — сæ лæдзджытæ, зæрæдтæн — сæ арцы
бырынчъытæ æвзарын кæн! Худинаг, худинаг, тыхджын Нарт!
Æй, цæмæ æрхаудтат, цæ, — йæ сæр нынкъуыста Сырдон, стæй
фæзылд уæйыгмæ. Йæ иунæг цæстмæ йын комкоммæ бакаст, аивæй
йæм бахудæгау кодта, ома мауал тæрс, æз дæ ацы куыйтæн хæрын
нæ бауадздзынæн, æрмæст уæлдай мацы сдзур, мæ бар сæ уадз.
— Ам дæу ницы хъæуы, иуварс лæуу! — мæстыйæ æрбалæбурдта
Сослан.
— Кæсут, хорз адæм, ацы лæппумæ байхъус, уæд дзы мæн
ницы хъæуы, æрмæст дзы уый хъæуы!.. Æмæ цымæ цы уæлдай?
Æз уын æй зæгъдзынæн. Ацы лæппу йæ чысылæй фæстæмæ дæр
цæстытæ къахынмæ арæхстджын у æмæ та мæнæ йæ куыст, —
ацамыдта Сырдон уæйыджы къахт цæстмæ. — Афтæ æнхъæлы,
æвæццæгæн, æмæ фатæй цæстмæ хъавын æрмæст уый зоны. Рæ-
дийыс, мæ чысыл æфсымæр, уæйгуытæ дæр фатимæ архайын зо-
нынц. Æмæ искуы Нарты зæхмæ куы бырсой, уæд нæ фыдбылыз
мах дæуæй æнхъæл уыдзыстæм, уый дæ зæрдыл дар! Ды балцыты
рабыр-бабыр кæныс, фæлæ Нарт балцæй нæ цæры, Нарт сæ сы-
вæллæтты хор æмæ фосæй дарынц. Ныр уыцы фос исчи, дæуæй
йæ маст исгæйæ, куы фæтæра, уæд йæ аххос дæу уыдзæни, фæлæ
йæ зон! — Сырдон барæй дзуры адæмы номæй хъæрæй æмæ бар-
джынæй, кæд Уырызмæг фæсæттид, Сосланы ам ничи фæрсы, цы
122
фæнды схъиудтытæ кæна, уæддæр Уырызмæджы дзырдæй алыг
уыдзæн лæппуйы хъысмæт: уый йæ куы уадза, уæд Сослан йæ
ныхмæ нæ ныллæудзæн. Уый куы бафæнда йæ мæлæт, уæд æй
Сырдон дæр нал фервæзын кæндзæн æмæ басæттын хъæуы исты
хуызы Уырызмæджы. — Нæ зонын, цы хъуыды кæны Уырызмæг,
уый не ’ппæтæй дæр дæсныдæр у хъуыддæгтæм, фæлæ дзы кæд
мæн фæрсæг и, уæд афтæ зæгъын: ауадзæм ацы лæджы йæ хæ-
дзармæ æмæ уым бамбарын кæиæд: мах тыхгæнджытæ не стæм,
нæ сæм бырсæм, фæлæ нæм, мыййаг, искуы тых куы хæссой, уæд
уый фæстæ хъаст мауал ракæнæд мачи!
— Ау, уый та куыд! — схъæр кодта Хæмыц, фæлæ раздæры
хуызæн мæстыйæ нал дзырдта. — Мæнæн мæ фæрсчытæ ныцъ-
цъæл кодтой æмæ дзы нæтæг-хъæрзæг та нæ хины рувас разынд?
Æз разы нæ дæн! Ныммарын æй хъæуы!..
— Мæ хорз æфсымæр, ныууадз, дæ масты фæдыл ма цу, стæй
уый дæр дæ зæрдыл дар, æмæ дæ æз кæй сластон хъæдрæбынæй
нæ хæдзармæ... Æмæ мæ ма дзурын кæн, хуыздæр дын нæ уы-
дзæн. Фæлтау ауадзын кæн ды дæр ацы æнамонд лæппуйы, æф-
хæрд йæ фаг баййæфта æмæ кæд тыхджын лæг дæ, уæд дæм уæз-
дандзинад разынæд — де знаджы æрбырстай, йæ тых ын басастай,
фæлæ йын йæ хурхыл марæн кард ма сдар! Афтæ амоны нæ уæз-
дандзинад, нæртон уæздан фæтк. Æццæй, афтæ нæу, Уырызмæг,
ды не ’гъдæуттæ хуыздæр куы зоныс, уæд цæмæннæ зæгъыс ацы
мæсты лæгæн, йæ масты фæдыл ма цæуæд, уый зонды фæндагнæу?..
— Фæлæуу-ма, Сырдон, æз дæр афтæ куынæ зæгьын æмæ лæп-
пуйы амарæм. Æз æй æрмæст фæрсгæ кæнын, ауадздзыстæм æй,
фæлæ нын цы хорзы бацæудзæн? — сабыргай бадзырдта Уырыз-
мæг. Уый хаты, Сырдоны ныхæсты цыдæр хин кæй ис, фæлæ йæ
йæ зонд нæ ахсы, æмæ лæппуйы афтæ ауадза, уый та йæ фæндгæ
нæ кæны. «Сæ цæрæн сын куы базонин, уæд мæхæдæг зонын уый
фæстæ...» — хъуыды кæны Уырызмæг. — Фæлæ йæ ныр ауадз,
уæд уый йæ хъæумæ нæ ацæудзæн, фæдсафæн кæндзæн æмæ ницы
нæ къухы бафтдзæн. Куы æрæууæндид, афтæмæй куы ацæуид,
уæд æндæр хабар у, фæлæ куыд æрæууæнддзæн?
— Дæ бындар фæуай, Уырызмæг, æмæ дын цы хъуамæ баныфс
æвæра уæнгбаст лæг, йæ цæстæй нырма йæ туг куы цæуы, йæ
къахыл тыххæй куы лæууы, йæ зæрдæ мастæй лалымау куы ныд-
дымст? Æниу дын куы баныфс æвæра, уæд æй сæххæст кæндзæн,
уый цæмæй зоныс? Хуыздæр нæу æмæ йæм куы фæкæсиккам,
куы йæ барæвдауиккам, цæмæй нын нæ раст æмæ нæ уæздан базо-
на, æмæ йæ стæй уый фæстæ куы ’рдомиккам исты хорзыл? На-
уæд уый ацы сахат цы хъуамæ фæнда мах мыггагскъуыд фæкæны-
123
нæй дарддæр? Йæ хал дæуимæ куы ’рхауид, уæд ды цы хъуыды
кæнис, зæгъ-ма? Мæ зондæй йæ раттут мæнæн, æз ын йæ хъæд-
гæмттæ сдзæбæх кæндзынæн, зонын цы хъæуа, уый дзы базонд-
зынæн æмæ йæ стæй бафæрсдзыстæм: цы хæрзиуæг нын бакæнын
йæ бон у нæ уæздандзинадмæ?
Уырызмæг ахъуыды кодта æмæ йæ зæрдæмæ фæцыд Сырдо-
ны фæндон: уадз æмæ йæ сдзæбæх кæна, бузныг дзы уыдзæн æмæ
йын схъæр кæндзæн йæ адæмы хабæрттæ дæр. Лидзгæ нæ акæн-
дзæн, стæй сусæгæй куы лидза, уæд та фæдсафæн нал кæндзæн
æмæ йæм нæ лæппутæ сæ хъус дардзысты, йæ фæдыл цæудзысты
æмæ рахъæр уыдзæн йæ хъуыддаг. Тынг фæндыд Уырызмæджы
йæхи уæздан хæстонæй равдисын дæр: уадз æмæ адæм хъуыды
кæной, Уырызмæг канд тыхджын бæлццон нæу, фæлæ ма, зонд-
джын хистæр кæм федтай, ахæм лæг дæр. Нæ йæ фæндыд, ногæй
та дзы Сырдон хылæй ацæуа, уый дæр.
— Ме ’фсымæр, кæстæр кæд дæ, уæддæр мæ зæрдæмæ цæуы
дæ зонд. Æмæ кæд иннæ хистæртæ дæр разы сты, уæд æз лæууын
дæ зондыл, — йæ цæнгтæ фæйнæрдæм фæхаста Уырызмæг.
— Æз нæ! — фæхъæр кодта Сослан. —Ацы сырд мæ фатæй цæф
у æмæ йыл мæ бар цæуы! Маргæ йæ кæнон æви ауындзгæ, уæд-
дæр мæн у! — балæбурдта уæйыг лæппумæ, фæлæ Сырдон уымæй
лæппуйы ’хсæн бацыд.
— Фæлæуу-ма, лæппу, ныр усгур дæ æмæ сонт митæ ныууадз! —
сабыргай амоны Сырдон, кæд йæ маст æхсиды, уæддæр. — Дæу у,
ничи дын æй исы, фæлæ йыл дæ бар цыди хæсты быдыры. Ам та
адæмы ныхас у æмæ йæ иугæр ардæм æркодтай, уæд йæ хæрзæбо-
нæй дæр æмæ йæ хæрамæй дæр не ’ппæт хайджын стæм, йæ цард
æмæ йæ мæлæт не ’ппæты æфсон фæуыдзæн. Æмæ йын ды дæхи
иунæгæй схицау кæнай, уый гæнæн нал ис. — Сырдон дзургæ
адæммæ кæны, фæлæ йæ цæсты тигъ та Сосланмæ дары, — мацы
фыдбылыз сараза...
— Дæ фæнд нæ уыдзæн, æрхæссæггаг! — фæхъæр кодта Сос-
лан æмæ фат фæцарæзта баст уæйыгмæ.
Сырдон фидисмæ адæнгæл: «Ацы фыййауы амаддзагæй дæр
та мæ уый бахъуыди!» — Йæ иу къухæй иннæуыл ныххæцыди.
Æрмæст фæцырд æмæ лæдзæгæй æркъуырдта Сосланы къух, фат
фæдзæгъæл. Сосланæн йæ къух андзыгау, кæд æй хæрз чысыл
æрцавта Сырдон, уæддæр æмæ бахъавыд Сырдоныл йæхи нызду-
хынмæ, фæлæ йæ Уырызмæджы хъæр фæурæдта.
-г Лæппу! — фестад Уырызмæг. — Мах, хистæртæ, ам уынаф-
фæ кæнæм, фатæй хъазынмæ не ’рбацыдыстæм! Дæхиуыл хæц,
науæд цæугæ хæдзармæ, кæд æгъдау нæма базыдтай, уæд!..
124
Сослан фæстæ алæууыд, фæлæ ма Сырдоныл, калмау, басыф-
сыф кодта:
— Фæлæуу, гæбæркъуди, ацы хатт мын нал аирвæздзынæ, æз
дын мæ иу хатты æфхæрд дæр сисдзынæн дæ бæрзæйæ!
Сырдон æм ницы сдзырдта, нæ йæ фæндыд, адæмы хъуыды
уæйыджы фарстæй фæдзæгъæл уа, уый. Уырызмæгмæ та раздæх-
та йе ’ргом:
— Зæгъ, Уырызмæг, зæгъ дæ фæстаг тæрхон æмæ мын кæд
фæндаг дæттыс, уæд æз акæндзынæн ацы цæф лæджы. Куы сдзæ-
бæх уа, уæд та дзы цы домай, уый дын æз саразын кæндзынæн...
Æргом хæсты йæ Сослан басаста, ныр мæнæн бар ратт æмæ йын
йæ зæрдæ та æз басæттон хæрзиуæджы охыл.
— Фод дæ дзырд, ме ’фсымæр! — йæ æргъæусæр лæдзæг бæр-
зонд сдардта Уырызмæг, ома мæ тæрхон йæ тыхы бацыд æмæ йын
ивæн нал ис.
Сырдонæн йæ зæрдæ цины риуыгъдтытæ скодта æмæ йæ сæ-
рæй акуывта хистæртæн, ома — бузныг уе ’ууæнкæй! Стæй фæ-
зылд æмæ йæ фарсылдарæн кардæй слыг кодта уæйыджы къæхты
баст æмæ йын загъта: «Мæ разæй цу хъæуы кæронмæ». Уæйыг
æнæбары къахдзæфтæ кодта, афтæмæй сæргуыбырæй цыди. Сыр-
дон йæ фæдыл, хæрз æнгом: тарсти, фыдуаг фæсивæдæй исчи
куы ’рбахса æмæ куы фæцæф уа йæ уазæг, йæ рагон хæлар. Уæд
фæлтау мæныл сæмбæлæд уыцы фат, стæй кæд мæнæн тæрсгæйæ
нæ бауæндиккой æхсын.
Афтæ фæцыдысты суанг хъæуæй йæ халагъудмæ фездæхæн-
мæ, стæй уый куы базыдта Сырдон, ничиуал сæ уыны, уæд фæсидт:
— Сагсур! Цы фæдæ, уæйыг лæг! — фездæхт Сагсур Сырдон-
мæ æмæ кæрæдзийыл ныттыхстысты.
Сагсур æппæтдæр бамбæрста, фæлæ ницы дзырдта, æрмæст
йæ иунæг цæстæй сыг мызти æмæ тæнхъуын зачъетыл лæдæрст.
7
Сырдон Сагсуры æрцæрын кодта йæ ног арæзт хæдзары. Цы-
дæр зæронд нымæты бызгъуыр ын радта æмæ-иу ууыл ныххуыс-
сыд. Фыццаг æй æддæмæ цæуын бынтондæр нæ уагъта: фендзыс-
ты дæ уыцы галиу адæм æмæ дæм дзырдæппарæн кæндзысты, ды
дæр нæ фæлæудзынæ æмæ ног фыдбылызы ныххаудзыстæм. Стæй
йæ цæст куы фæдзæбæхдæр, уæд райдыдтой иумæ цуан куы хъæд-
мæ, куы хуымтæм. Уæйыг бынтон куы сдзæбæх, уæд æй Сырдон
райдыдта йемæ кусынмæ кæнын. Кусинаг та йын цы уыд, фæлæ
хъæдрæбын йæхицæн хуымзæхх саразын кæй æрымысыд, уый дзы
125
нæ рох кодта æмæ иу бон райдыдта къутæртæ къахын æмæ бын-
дзарæй æфтауын. Сырдон хъавыд стырдæр бæлæсты бындзæф-
хæдтæ галтæй æфтауын, фæлæ йæ уый сæр нæ бахъуыд: уæйыг
лæппу-иу дзы кæуыл сæнцад, уый-иу булкъау фелвæста æмæ сæ
афтæмæй иу къуыримæ фесты æфтыд. Стæй сæ фæхастой кæрон-
мæ æмæ сæ уым сцагъд кодтой — зымæг сугæн бахъæудзысты.
Дыууæ бонгæнды бæрц басаста хъæды кæронæй Сырдон æмæ йæ
цины сæр радзырдта Сагсурæн дæр. Уый кæрдзыныл ахуыр нæ
уыд, фылдæр-фылдæр сырдвыд æмæ кæрдæгæй цардысты йæ адæм,
æмæ йæм фыццаг диссаг фæкаст Сырдоны хъуыддаг, стæй та хъуы-
дыйыл фæци: кæд афтæмæй цæрæн ис, уæд уыдонмæ дæр ахæм
зæххытæ куы ис, цæуылнæ тауынц хор, иууыл фосы фæдыл, на-
уæд сырдты фæдыл цы рахау-бахау кæнынц?
Бирæ фæхъуыды кодта Сагсур, фæлæ бæстон фæндмæ не ’рцыд:
цы бæрæг ис, цы зæгъдзысты йæ адæм, чи цæуыл сахуыр, уый
йæм хуыздæр кæсдзæн æмæ алчи йæхи фæнд кæндзæн, ацу æмæ
сæ ды сахуыр кæн æндæр цардыл?! Уæддæр Сырдонæн бакой
кодта æмæ йын уый та æндæр фæнд бацамыдта: ам уал лæуу,
бакæс, базон, бафæлвар, дæхæдæг куы базонай нæ царды фадат,
нæ куысты æууæлтæ, уæд стæй фæцу æмæ сæ кæн, дæуæн æнцон-
дæр цæрæн куы уа, уæд дæ, чи зоны, бафæзмой... Уый дæр уы-
дзæн, цы бæрæг и? Адæм сæ ахуыр зынтæй ныууадзынц... Мæнæ
махмæ куы ’ркæсай дзæбæх, уæд фендзынæ — махæй дæр иутæ
фосы фæдыл цæуын уарзынц æмæ йæ нымайынц иууыл хуыздæр
æмæ уæздандæр цардыл, иннæтæ зæххы сойæ æрвитынц сæ цард
æмæ сæм а дунейыл уымæй кадджындæр хъуыддаг ницы кæсы;
мæнæ дæу чи ’рцахста, уыдон мæ мыггагæй сты æмæ сæ федтай —
иууыл хылы сæрыл лæуд сты, тыхæй архайынц, кад æмæ сæм
ном у тыхæй исты байсын, æрхæссын, сæ ныхмæ чи æрлæууа,
уый амарын. Тыхджындæр, балцы арæхстджындæр, балæбургæйæ
къæйныхдæр чи разына, уый — хистæр, раздзог, номдзыд! Хин
æмæ тыхы фæдыл сæм у лæгæн йæ ном дæр æмæ йæ аргъ дæр.
Зæххæй чи цæры, уыдон хъамылы хуытæ хонынц, зæхх бырын-
къæй змæнтджытæ; фосы фæдыл чи цæуы, уыдон — искæмæн
тæлæт хизджытæ, куыдзы фæтк аразджытæ. Федтай мæ, цас сын
фæдзырдтон æндæр уæздандзинадыл, фæлæ дæ мæ ныхасы рæст-
дзинады тæххæй рауагътой æнхъæлыс? Нæ, Сагсур, уым ма æн-
дæр цыдæр хин уыди, фæлæ цы?.. Иугæр дæ мæ хистæр æфсы-
мæр фарста, кæцон дæ, кæм цæрут, цæмæй цæрут, уæд мæм афтæ
кæсы æмæ сымах адæммæ ныббырсын йæ зæрды ис. Ды йын куы
радзырдтаис хабæрттæ, уæд ын æнцондæр уыдаид балцы фæцæ-
уын... Æз æхсæвыгæтты рахъуызын хæдзарæй æмæ бæрджытæ
126
кæнын...Федтон, зилынц дæ фæдыл, сæ цæст дæм дарынц, мый-
йаг лидзыныл куы ныллæууай, уæд дæ фæдыл цæмæй бафтой уæй-
гуыты бæстæм. Нæ, лидзæн нæй, нæдæр цæуæн. Фæлтау бацæ-
уæм Уырызмæгмæ æмæ йын радзур: æз иу зæронд уæйыгимæ цард-
тæн чысылæй фæстæмæ æмæ амарди, дзырдта-иу мын, нæ мыг-
гаджы нын æндæр уæйгуытæ кæй фæцагътой æмæ ма дзы мах кæй
баззадыстæм. Ныр зæронд амарди, æз ма мæхæдæг иунæгæй баз-
задтæн æмæ мæ кæд уадзут, уæд ам лæудзынæн, уемæ цæрдзы-
нæн... Хæмыцы нады дæ аххос кæй ницы уыд, уый йын æз бамба-
рын кодтон, уый зоны. Хæмыцы, иу æрмахуыр арс мын ис, æмæ
уый ныцъцъæл кодта! Афтæ йын хъуыди, йæ дзыхыл хæцын нæ
зоны. Æрсой та ахæм у, æмæ йæм фехситт кодтон, уæд мæ цуры
февзæры, ме знагыл йæхи ныццæвы. Хæмыц мæ цуры фæци æмæ
йæ уый цæмæй зыдта, ме ’фсымæр у, æмæ йæ рацæфтæ кодта!
Уый та æрымысыд, уæйгуытæ, дам, мæ фæнадтой, мæхæдæг дæр,
дам, дзы фондзы раргæвстон, фæлæ, дам, мыл иннæтæ фæтых сты!
Уæйыг бирæ фæхудти Хæмыцы хабарыл, стæй сразы Сырдо-
ны фæндыл, бахъардта йæм — йæ фæдыл Нарты тыхгæнæг фæси-
вæды куы ’ркæна йæ бæстæм, уæд хорз нæ уыдзæн, уæйгуытæ
тыхæй рæвдздæр сты, фæлæ сæм гæрзтæ нæй, хин митæн ницы
зонынц æмæ сæ фæцæгъддзысты... Лæууон уал, загъта йæхицæн,
стæй кæд исты хуыздæр амал фæзынид. Уый дæр ма рахатыд
æмæ Сырдон канд йæ хæрзгæнæг кæй нæу, фæлæ ацы адæмæн
дæр — сæ зондджындæр, стæй сæ растдæр лæг. Уымæ хъусон,
науæд ардыгæй æвыдæй нæ фæцæудзынæн, иугæр мæ мæлæтæй
фервæзын кодта, уæд мæ сæфын дæр нæ бауадздзæни...
Сырдон æцæг радзырдта Уырызмæгæн Хæмыцы хабар æмæ
уый дæр сразы, уæйыг-лæппу Сырдонимæ цæргæйæ цæмæй баз-
зайа, ууыл. Сырдон ма йын куы баныфс æвæрдта, зæгъгæ, лæппу
куы сахуыр уа, уæд æй стæй Уырызмæг йемæ кæндзæн балцы
æмæ йын ахæм тыхджын лæг стыр æххуыс уыдзæн искæмæ быр-
сыны рæстæджы, уæд Уырызмæг банымадта: афтæ йын æцæг пайда
уыдзæн. Уыцы фæндæй Сырдон рацыд Уырызмæгæй æмæ Бурæ-
фæрныгмæ ныффардæг. Йæ фæнд уыди, уымæ фыййауæй раттын
Сагсуры. Бурæфæрныджы фос сæрды хохмæ скъæрдтой фыййæут-
тæ æмæ Сагсур уым куы уа, уæд ын æнцондæр уыдзæн. Сырдон
уыдта, Сагсур кæй мысы, сæхимæ йæ кæй фæнды, цуаныл ахуыр
кæй у æмæ иу ран бадын, кæрдзынæй цæрын йæ бон кæй нæу.
Уым — хохы, цуаны дæр цæудзæн, фосмæ дæр кæсдзæн, тыхгæ-
нæг куы фæзына, уæд та хуыздæр хъахъхъæнæг ничи разындзæн.
Сагсур-иу хаттæй-хатт ниуæгау райдыдта йæ халагъуды æмæ йæ
Сырдон хатыд, уый йæ сагъæсы зарæг кæй у, йæ зæрдæ кæй æр-
127
хæндæг кæны æмæ ууыл кæй ниуы æнтъыснæджы сахат... Тæ-
ригъд ын кодта, фæлæ йын фыййау бауромынæй хуыздæр ницы
æрымысыд.
Бурæфæрныг Сырдоны фæндоныл дзæвгар фæхъуыды кодта
æмæ Сырдон æнхъæлмæ кæсынæй сфæлмæцыди, æргом ын раны-
мадта йæ дызæрдыджы хъуыды дæр, йæ пайда æмæ йæ зиан дæр.
— Бурæфæрныг, ды, æвæццæгæн, тæрсыс: уæйыг чи у, цы бæ-
рæг и, иуахæмы мын мæ фыййæутты куы ныццæгъда, мæ фосы
мын куы атæра, уæд ын стæй цы мæ бон у?.. Стæй йын мызд дæр
бирæ фидын бахъæудзæн: йæ хæлц иннæ ахæм, алы къуыри ку-
сарт кæй бон у!.. Уыдæттæ иууылдæр нымаинаг сты, фæлæ мæн-
мæ дæр байхъус. Дæ лыстæг фос ацы аз дывæр кæй баисты, уый
зоныс, нæ? Утæппæт дзугтыл дæ иунæг лæппу æмæ дæ фондз
фыййауы кæй нæ аххæсдзысты, уый дæр дын мæ амонын нæ
хъæуы. Уæдæ æууæнчы æххуырстæй зындæр ссарæн кæй ницы
ис ныртæккæ, уый дæр зоныс. Æппæт уыдон дæр нымаинаг сты.
Гъе, æмæ æркæс, мæ зондæй дын зиан нæу, ратт ын иучысыл
мызд, ардыгæй йæ фæззæгмæ бафæлвар æмæ дын кæд къух нæ
дæтта, уæд æй фæззæг зымæгдарæнмæ мауал арвит. Мæ зондæй
уый æдылы ми нæу, фæлæ дæхæдæг фæу тæрхон, фос дæу сты,
фидын дæу хъæуы...
Бурæфæрныг æлхынцъæрфыгæй ныссагъæс кодта. Æрæджиау
æм фæзынд йе ’фсины афæрсыны хъуыды дæр, фæлæ æргом зæ-
гъын нæ бауæндыд æмæ афсон кодта:
— Хорз, дæ рын бахæрон, фæлæ мын чысыл фæгæдзæ кæн,
уæртæ хæдзармæ бакæсон, чысыл лæппу хъæрзгæ у æмæ куы тыхса,
мыййаг, — фестад Бурæфæрныг бандонæй æмæ хæдзармæ араст
сæргуыбырæй, йæ рахиз арм йæ бур боцъойыл ауыгъдæй баззад,
афтæмæй.
Сырдон афæнд кодта йæ фæдыл ацæуын, кæд æцæг саби рын-
чын у, уæд æй абæрæг кæнон, зæгъгæ, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд:
æфсон кæны ацы бур цæукъа, æндæра мын фыццаг уый кой ра-
кодтаид, куы йæ зоны, æз хосгæнæгæн кæй бæззын. Йæхи асайд-
та, цæмæй хуыздæр банымайа, кæнæ та йæ усæй тæрсы, — æнæ-
мæн цæмæн бафидыдтай, зæгъгæ... Хъыг уыд Сырдонæн, æнæ-
дзуаппæй йæ кæй фæуагъта уый, фæлæ йын цы гæнæн уыди æмæ
æнхъæлмæ каст.
Æрæджиау рацыд Бурæфæрныг хъæлдзæгæй æмæ афтæ зæгъы:
— Йед у, Сырдон... Не ’фсин афтæ зæгъы, Сырдон æмæ, дам,
Зæринæ немæ куы рацæуиккой, уæд, дам, иууылдæр сæрддон да-
рæнтæм ацæуиккам æмæ, дам, нæ папитæм дæр кæсиккам, дуцгæ
дæр сæ кæниккам, науæд, дам, лæг-фыййау цæй дуцын зоны æмæ
128
æхсыр фесæфы дзæгъæлы. Æмæ, чи зоны, раст у, нæ галтæ, нæ
хъуццытæ дæр аскъæриккам æмæ ардыгæй хуымгæрдæнмæ уым
фæуиккам, стæй рафардæг уаиккам. Куы дæ бафæндид, уæд мæн-
мæ хорз фæндон кæсы.
Сырдон лыстæггай касти Бурæфæрныджы цæсгоммæ. Уый йæ
цæстæнгас æмбæхста, фæлæ Сырдонæй ницы басусæг. Ай мæ йæ-
хицæн æххуырст скæнын куы фæнд кæны, ноджы æд бинонтæ!
Дæ фæнд дæ фæсайдта, мæ лымæн! Фæлæ абон дæ бон у æмæ
дын цы кæнон? Аслам дын кæй не слæудзæн, уый нæма зоныс,
фæлæ дæхимæ кæс!..
— Хорз фæнд у... — Сырдон йæ къухтæ кæрæдзийыл абыдта
æмæ сæ йæ зæнгтæ æрбалвæста. — Æрмæст утæппæт адæмæн
фылдæр мызд хъæуы, мæ фысым! Æртæ лæгæн фондзыссæдз фысы
æмæ хæлц. Уый мæ фæстаг ныхас, — алыг кодта Сырдон.
Бурæфæрныг уый æнхъæл нæ уыд. Бирæ домы, æгæр бирæ.
Иннæ фыййæуттæй фондз æмæ ссæдз фысæй фылдæр никæмæн
радта, никуы. Адон цыппары мызд домынц æртæйæ æмæ уый дæр
æрмæст сæрдыгон хизæнты, иннæтæ йæм афæдзæй-афæдзмæ куыс-
той. Æцæг-иу хæхты йæ фос æрдæг фесты, бирæгътæ, дам, сæ
фескъæфтой... Йæ мадæл фыстæ дыгæйттæ ардтой, фæлæ сыл
иугæйттæ дæр æххæстæй никуы бафтыд. Йæхæдæг уым куы уа,
ноджы Сырдон, уæд сыл ницы æрцæуид, æмæ сыл уыцы мыздæй
ноджы фылдæр бафтид, бæргæ, фæлæ уæддæр æгæр зынаргъ у...
Æниу фыстæ алыхуызон вæййынц... Цæй, далыстæ йын радтон
æмæ фæззæг та уалдзæджы уæрыкк далыс у, уæдæ циу?
— Æгæр домыс, ме ’фсымæр, æгæр, æмæ уый бæрц кæй бон у.
Афæдзæй-афæдзмæ мæм чи кусы, уыдонæн дæр уыйбæрц нæ фи-
дын. Фæлæ иугæр не ’фсины афтæ бафæндыд, уæд нал ныллæу-
дзæн æмæ ма цы мæ бон у? — йе уæхсчытæ æрбампылдысты фы-
сымæн, йæхи амæгуыр кодта, фæлæ Сырдон зыдта уыцы гæдыми-
тæ æмæ сыл йæ рихийы бынæй чысыл бахудæгау кодта.
— Дæ бон бирæ цыдæртæ у, ме ’фсымæр, — бахудт Сырдон
æргомæй. — Ма сразы у, фæлæ уæд дæ фыстæй бирæ фылдæр
фæхъæудзæн, цыхтæй дæр цухдæр бафтдзæн дæ къухы...
— Æз дæр уыдæттæ нымайын, фæлæ уæддæр æгæр бирæ ныг-
гæрах кодтай... Фод дæ дзырд, æрмæст афтæ бакæнæм, уæхст
дæр куыднæ басудза æмæ физонæг дæр. Разы дæн, æрмæст дын
сæ фыстæй нæ, далыстæй бафиддзынæн. — Цымыдисæй кæсы
Бурæфæрныг Сырдонмæ, ома куыд йæ зæрдæмæ фæцыд мæ ныхас.
Сырдон хин худт бакодта æмæ дзуры:
— Зондджын лæг дæ, ме ’рвад, фæлæ дæм цыма ме ’дылы дæр
никуы фехъуыст. Æз ууыл куы сразы уон, уæд мын фæззæджы
9 Сырдоны цæссыгтæ
129
мæ разæй дæ цауддæр уæрыччытæ скæндзынæ æмæ зымæджы
фæцагъды уыдзысты. Нæ, афтæ нæ... Цæмæй уæхстæй-физонæ-
гæй нывыл уой, уый тыххæй ма дын иу фæндон: æрдæг равзар-
дзынæн æз — фыццаг зæддаг фыстæй, мыггагæн, æрдæг далыс-
тæй. Мæныл дæр дзы исты куыд бахæца, уæдæ цæуыл фыдæбон
кæнон сæрддæргъы дзæгъæл хæхты, уым мæ исчи куы ныммара
дæ фосыл зилгæйæ, уæд мын хист цæмæй скæной, уый ма бакусон?
Базыдта Бурæфæрныг, ницы райсдзæн Сырдонæй æмæ сразы.
Радтой кæрæдзимæ сæ къухтæ æмæ дыккаг бон сæхи цæттæ кæ-
нын райдыдтой хохмæ фæцæуынмæ. Зæринæйæн тынг æхсызгон
нæ уыд: къуымтæ федзæрæг уыдзысты æмæ сæ адæмы сабитæ
фæхæсдзысты! Сырдон æй æрсабыр кодта: нæ муртæ Алафарн-
тæм бахæсдзыстæм, хæдзары къултæ та чи давы? Сагсур цинæй
амарди: уый хæхты ахуыр уыд чысылæй фæстæмæ æмæ та уым
ныр цуаны дæр цæудзæн, фосмæ дæр кæсдзæн, чи зоны, йæ би-
нонты дæр искуы ссара!..
Æртыккаг бон Бурæфæрныг æмæ Сырдон æд бинонтæ æхсæ-
выцъæхæй се стуртæ галæй-хъугæй сæ разæй акодтой æмæ ацы-
дысты хæхтæм, дарæнтæм. Дыууæ боны цыд уыди дарæнтæм æмæ
фæндагыл сфæлмæцыдысты, хорз уыд уæддæр æмæ Фатакуй семæ
уыд æмæ сæ уый худæгæй мардта: ратæх-батæх кодта сæ разæй.
Иуахæмы хъæды фæмидæг æмæ йæ дзыхы удæгас тæрхъус æр-
баскъæфта йæ бæрзæйæ. Сырдон æм схыл кодта, суадз æй, зæгъ-
гæ, æмæ йæ уый дæр феуæгъд кодта, фæлæ чысыл куы ауад, уæд
æй фæстейæ асырдта, баййæфта йæ æмæ та йæ фæстæмæ æрбахаста.
Уæд ын æй Сырдон байста йæ комæй æмæ йæм æркаст, дæнда-
джы фæд ыл никуы уыд æмæ бамбæрста: Фатакуй хъазгæ кæны,
тæрхъусæй цырддæр кæй у, уый сын амоны.
— Хорз, фаг у, Урсдзых, ныр æй ауадз, науæд фыртæсæй
фæмард уыдзæн, — бадзырдта йæм Сырдон æмæ куыдз дæр нал
асырдта тæрхъусы. Уый ма къудзийы бынæй иу каст фæкодта, йæ
уæллаг был æд рихитæ уæлæмæ фесчъил, цыма худгæ бакодта,
уыйау æмæ хъæды фæтары.
8
Иугъæдон бонтæ ныддаргъ сты Сырдоныл дарæны. Йæ чысы-
лæй фæстæмæ уый рацу-бацуйыл ахуыр уыд. Кусын уарзта, фæлæ
фæдисы куыст, иу бон, фылдæр-фылдæр къуыри, стæй та-иу бар-
хийæ зылди хъæдты æмæ кæмтты, йæхи надта Арпаданы, йæ æлы-
гæй «адæмыл» йæхи ирхæфста, науæд фат æмæ æрдынæй хъазыд
хъæды, Кæрдойы æрдузы. Кæд-иу бынтон сфæлмæцыд, уæд сид-
130
ти æрсоймæ æмæ иумæ ратул-батул кодтой се рагьы норттыл. Ныр
уалдзæгæй фæстæмæ иууыл куысты ис æмæ сфæлмæцыд, фæлæ йæ
нæ хъæр кодта Зæринæйы æфсæрмæй, афтæ куы зæгъа, нæ мæ уар-
зы, æндæра ма исчи йæ ногхаст усæй искуыдæм тырны!..
Сагсур фыццаг тынг схъæлдзæг, изæрырдæм-иу фос дарæнмæ
куы æрыздæхтой, уæд цуаны цыд æмæ сæ æнæсырдвыд никуыма
ныууагъта. Бурæфæрныг ма цин дæр кодта, ацы æххуырст нын
нæхи дæр куы дары æмæ æз та афтæ куы нымадтон, мæ фос мын
иууылдæр бахæрдзæн!.. Фæлæ фæстагмæ уый дæр арæх кæсын
райдыдта хæхты арфмæ, йæ райгуырæн хъæу кæм уыди, уыцы
хох базоныны ныфсæй. Фæлæ ницы бæрæг уыди уыцы æгæрон
бирæ хæхты рæхысæй — кæцыйы рæбын бабукъ йæ райгуырæн
хъæу? — æмæ æнкъард кæнын райдыдта. Сырдоны цур ницы уæн-
дыд сдзурын, лидзынвæнд кæны, зæгъгæ, мыл куы фæдызæрдыг
уа, йæ зæрдæ мыл куы фæхуда, фæлæ йæм Сырдон аивæй йæ
цæст дардта æмæ йæ цалдæр хатты раздæрау ниугæ баййæфта.
Фыццаг ын ницы ныфсæй фæкайдта йæ зæрдæйы маст, фæлæ иу
хатт Сырдон йæхæдæг дæр чысыл ма бахъæуа рахыл уа йæ фысы-
мимæ æмæ уый фæстæ загъта Сагсурæн: «Райсом æртæ боны
’мгъуыдмæ цæуæм агурæг дæ бинонтæм...»
Хъуыддаг афтæ рауад æмæ иу райсом æххуырстытæй иу лæп-
пу, Фæсхъæуаг, фысты кæртæй хизынмæ здæхта æмæ йын дзы иу
нæ куымдта, æрæджы иртæст уыди æмæ йæ уæрыкмæ бæгъ-бæгъ
кодта. Фыййау æй кæртæй сырдта, уый та кæртмæ лыгъд. Сфæл-
мæцыд лæппу æмæ йæ ныххафта лæдзæгæй. Цæф фæстаг къахыл
сæмбæлд æмæ тæнæг æлхуый фæдыууæ. Фыс йæ къах зæбул-
зæбулæй аскъæфта, æртæ къахыл чиппчипгæнгæ. Уый ауыдта
Бурæфæрныг ныхстæрæй æмæ дын æм рагæпп кодта:
— Æтт, куыдз кæй ныййардта, уый! Мæ фос дæ цæгъдинаг
фесты?! — ацахста лæппуйы, йæ лæдзæг ын йæ армæй стыдта
æмæ йыл дзы балæууыди. Лæппу æнхъæл нæ уыд æмæ дзы ли-
дзын дæр æрбайрох, цалдæр цæфы йыл куы сæмбæлд, уæд бын-
тондæр уырдыг ныллæууыд æмæ йæ Бурæфæрныг надта, йæ бон
цы уыд, уымæй. Сырдон æм æввахс фæци, йæхи йыл баппæрста:
— Фысым! Сæрра дæ æви?! — стыдта йын йæ лæдзæг йæ къу-
хæй æмæ йæ фехста. — Исчи ма æнахъом лæппуйы нæмы, гор-
мон? Лæппу, цу дæ куыстмæ, — адзырдта Сырдон æмæ лæппуйы
цæсгоммæ фемдзаст, ставд цæссыгтæ бырыдысты лæгъзцъар саби
рустыл æмæ æмбæхстысты чысыл къуыбыр рихиты.
Сырдоны зæрдæ айдзаг йæ тæригъæдæй, февзæрд æм фысы-
мы ранæмыны фæнд, бæргæ, фæлæ йæхиуыл ныххæцыд: æвзæр-
дæр уыдзæн лæппуйæн ноджы, арвитдзæн æй йæ хæдзармæ æмæ
131
цы кæндзæни, ам йæ хъалæй, мыййаг, нæй... Фыййау куы ацыд йæ
фосы фæдыл, уæд Сырдон баздæхт Бурæфæрныгмæ тызмæгæй:
— Хуыздæр лæг дæ æнхъæлдтон, ме ’рвад, нымайагдæр, зонд-
джындæр!.. Исчи ма æххуырстмæ йæ къух исы? Дæ лæппуйы цахъ-
хъæн куы у, гормон, дæ сабийы хуызæн... Æви ды дæр, мæ уæз-
дан æфсымæртау, тымбыл къухæй аразынмæ хъавыс дæ хъуыд-
дæгтæ? Æмæ уæд дзæгъæлы архайыс ацы чъизи фосимæ, афар-
дæг у балцы æмæ дæ физонæггаг цæттæ искæмæ. Дæ цонджы тых
æмæ дæхæдæг! Уый нæй, уæд та дæ тых адæмы сабитыл ма ’взар,
худинаг у! Æви афтæ æнхъæлыс, кæй ныццæвай, уый дæ фосыл
æнувыддæр уыдзæни?.. Нæ, ме ’рвад, лæг цыфæнды æдых уа,
уæддæр йæ маст нæ уадзы. Абон ницы йæ фадат у, фæлæ бæл-
дзæн дæ фесæфтмæ, йæ бон исты куы бауа, уæд та дыл æргæвды-
нæй фæстæ нæ фæлæудзæн. Дæхицæй йæ нæ зоныс, афтæ у... —
Сырдоны зæрдыл æрбалæууыд, Бурæфæрныг Хæмыцмæ мæсты
кæй у, æмæ ма йæ дзырдмæ бафтыдта: — Ды дæхимидæг маст
кæмæ хæссыс, уымæ исчердыгæй куы баххæссис, уæд ыл мары-
нæй сауæрдис, раст зæгъ?
— Нæй... Уымæй раст зæгъыс. Рæдыд ме ’рдыгæй ис, — басаст
Бурæфæрныг.
— Хуыздæр фæу, æгайтма йыл басастæ, — æрсабыр Сырдон. —
Тæккæ абон ын истæмæй йæ зæрдæ балхæн, науæд сабийы маст
зæры бонтæм нæ рох кæны... Ныр та уал фæрсчытæ ацараз, æз
фысы рацахсон æмæ йын йæ къах бабæттæм, иртасгæ дæр æй æгæр
раджы бакодтай, фысы аххос дæр нæу, фыййау дæр ын цы кæна,
— дзырдта ма Сырдон, фæлæ Бурæфæрныг уæдмæ ацыд, йæ фы-
сыл йæ зæрдæ тынгдæр рыст лæппуйы мастхæссагæй...
Нал рад Сырдоны зæрдæ уæдæй фæстæмæ Бурæфæрныджы
куыстмæ, кæй ницы лæг у, уый базыдта бынтондæр æмæ йын кус,
уый йæм æрæджиау тынг æгад æркаст, фæлæ ма цы, быхсын хъуы-
ди фæззæгмæ. Æмæ та бонтæ кæрæдзи ивгæ куы ныддаргъ сты,
уæд иу хатт бафæнд кодта цуаны йæхи аирхæфсын.
Ацыдысты Сырдон æмæ Сагсур æртæ боны æмгъуыдмæ.
Фыййау лæппуимæ куы фæхыл, уæдæй фæстæмæ Бурæфæрныг
къæмдзæстыгау хатыд йæхи æмæ Сырдоны ныхасыл дыууæ нал
дзырдта. Сразы уыдон ацыдыл дæр, — æртæ боны бирæ нæу, фос
æнцон хизæн сты, сæ дуцынæн та дыууæ дæр ницы ахъаз сты.
Сагсур нæ зыдта фæндаг йæ хъæумæ, фæлæ Сырдон йæ зæр-
дыл хорз дардта, нæртон бæстæй куыд бафтыд уæйгуыты быууат-
мæ, уый æмæ сæм, кæм æмбæлдысты, уыцы рагъ та дзæбæх зынди
дарæн хохмæ. Сагсур æй нæ хъуыды кодта, фæлæ Сырдон æнæ-
рæдыдæй цыди уыцы рагъмæ кæмттæ æмæ рæгътыл. Дыккаг бон
132
аходæнафонмæ схæццæ сты рагъмæ, чысыл аулæфыдысты æмæ
ныр дарддæр фæндагамонæг уыди Сагсур. Уый йæ нæ хатыд,
афтæмæй тагъдæй-тагъддæр кодта йæ цыд. Рогвад Сырдон дæр
райдыдта фæллайын, афтæ тындзыдта Сагсур, фæлæ куы схæццæ
сты хъæумæ, уæд сагъдау баззад иу ран лæугæ... Ницы дзырдта,
фæлæ йæ цæстысыг мызти æмæ мызти. Сырдон уый куы федта,
уæд бамбæрста: хъуыддаг хорз нæу, фæлæ цы ’рцыди?..
Сагсур ницы сдзырдта, афтæмæй араст дарддæр. Ныххызтыс-
ты иу къуырфмæ æмæ уым Сагсур лыстæг кæсын байдыдта фæд-
тæм. Цы агура, хъуыды кæны Сырдон, фæлæ бафæрсын йæ ныфс
нæ хæссы: цыдæр стыр фыдбылыз кæй æрцыд, уый бæрæг у æмæ,
мыййаг, йæ фарстмæ ноджы йæ маст куы фæфыддæр уа... Бирæ
фæзылдысты уыцы къуырфы, фæлæ дзы ницы разынд æмæ уæд
Сагсур зæххыл ныффæлдæхт æмæ ныдздзынæзта:
— Мæнæн ничиуал ис, Бирæгъы лæппын, ничиуал!..
Бирæ фæкуыдта Сагсур, Сырдон дæр æм ницы дзырдта, —
уадз æмæ йæ мастæй сцух уа, цæстысыгæй фенцондæр кæндзæн
йæ судзгæ фыд... Æрæджиау растад æмæ йæ иунæг цæст ныссæрф-
та, стæй радзырдта Сырдонæн: уыдысты фараст хæдзары, æртæ
æфсымæры зæнæг. Фæлæ сæм рагæй дæр маст хастой сырх уæйы-
джы цот, æртæ хохы æддейæ цæрынц, туг уыд се ’хсæн æмæ ба-
фидауыныл нæ разы кодтой... Мардтой нын нæ адæмы, тардтой
нын нæ фос, мах дæр сын нæ маст нæ уагътам æмæ мыггагскъуыд-
мæ æрцыдыстæм... Баззадыстæм ма дыууæйæ, æз æмæ ме ’фсы-
мæр. Мæн куы фехстой уæ лæппутæ, уыйразмæ цуаны ацыдыс-
тæм фæйнæрдæм æмæ æз нал бахæццæ дæн нæ хъæумæ, ме ’фсы-
мæр цы баци, уымæн дæр ницыуал бæрæг и... Уый мæ фесæфт
нымадтаид Сырх уæйыджы байзæддаджы мастисæныл æмæ сæм
бырстаид... Нæ зонын, цас бирæ ма уыдысты уыдон, фæлæ йæ
кæнæ амардтой, кæнæ æндæр искуыдæм фæлыгъд. Науæд ам уаид
æнæмæнг... Ам рагæй ничиуал цæры. Кæсыс, арт дæр дзы рагæй
нал счынд æмæ фæнык дымгæ фæхаста, къæвда йæ æрнадта...
— Æмæ ма уæдæ цы кæнæм? — æнæбары бафарста Сырдон.
— Мæнæн æдзæугæ нæу уырдæм, — Сырдон бамбæрста, ома
Сырх уæйыджы цотмæ, сæ цæрæнуатмæ.
— Дæуæн? — фæрсы Сырдон æмæ мæсты худт бакодта. — Æмæ
мæн ам уадзын дæ зæрды и? Æви афтæ æнхъæлыс æмæ дæу иунæ-
гæй ауадздзынæн дæ туджджынты къухмæ?
— Нæ, Сырдон, дæумæ æнхъæлмæ кæсынц дæ бинонтæ, дæ
фысым. Ды аздæх ардыгæй. Æз бабæрæг кæндзынæн æмæ кæнæ
мæ туг райсдзынæн, кæнæ мæхæдæг дæр мæ мæлæт ссардзынæн...
Хуыздæр гæнæн ницы ис. Кæд удæгас баззайон, уæд дæм зындзы-
133
нæн, фæндаг базондзынæн,— фæнымадта йæ фæндтæ Сагсур.
Сырдон æм фæхъуыста æмæ базыдта, йæ фæнд нæ аивдзæн ацы
æфхæрд лæг, фæлæ йын иунæгæй уадзæн дæр нæй...
— Хорз, дæ фæнд фод, — сразы Сырдон, — фæлæ уал ардыгæй
соммæ банхъæлмæ кæсæм, чи зоны, искуыцæй зына де ’фсымæр,
мыййаг, кæд цуаны ацыд. Кæд райсоммæ никуыцæй зына, уæд
ацæудзыстæм уыдонмæ дæр.
— Ды аздæх, Бирæгъы лæппын, мæнæн ныр дæуæй æфсымæр-
дæр ничиуал ис зæххыл æмæ мæ уд кæд мæ мидæг уа, уæд æр-
мæст дæумæ цæудзынæн, — загъта Сагсур æмæ ма йæ дзырдмæ
бафтыдта: — Ме ’фсымæр удæгас куы разына, уæддæр... Уæд уый
дæр мемæ акæндзынæн. Кæд æй нæ фæнда, уæд цæрæд йæхицæн,
цы йын кæнон, — æнкъардæй кæны йæ царды хъæстытæ Сагсур.
— Ууыл дæн разы, фæлæ дæ иунæгæй нæ ауадздзынæн, —
фидарæй зæгъы Сырдон. — Ды мæстджын дæ æмæ дæ искуы хи-
нæй фæсайдзысты. Мæн фæсайын та сын зындæр уыдзæн. Афтæ
дын нæ зæгъын æмæ дæ сæрыл лæгтæ мардзынæн. Искæй марын
нæй мæ туджы, фæлæ дын уынаффæйæ кæд феххуыс уаин. Фен-
дзыстæм, чи зоны, фидауын дæр бафæлварæм. Уæддæр æнустæм
кæрæдзи цæгъдынæй фидыд хуыздæр у.
— Цæй фидыд... Æз ма дæн æмæ мæ цард дæр нал хъæуы æмæ
рад дæр. Мæн ма хъæуы æрмæст мæ туг райсын æмæ амæлын.
Мæнæн царды фæнд мæ хъуыдыйы дæр нал ис.
— Уый ма дзур, Сагсур. Дæ мыггаг барвæндæй аскъуынай,
уый худинаг у. Уыдис мæнмæ дæр кæддæр ахæм фæнд, фæлæ
мын иу зондджын лæг загъта: «Цу æмæ цæр!..» Ныр дæр мæ хъус-
ты нæры уыцы фæдзæхст. Æмæ раздæхтæн мæлæты дзыхæй. Æмæ
цæрын, лæгыл куыд æмбæлы, афтæ. Мæлæт йæхæдæг æрцæу-
дзæн, фæстиат нæ зоны æмæ йæм нæхи цæмæн æппарæм? Цæй,
уыцы фæндтæ дæ мæстæй кæныс æмæ сæ ныууадз, куы ’рсабыр
уай, уæд сæ ферох кæндзынæ, цард йæхæдæг йæхи амондзæн.
Ныр та уал бафынæй кæнæм, сом нæ раджы стын æмæ дард цæ-
уын, чи зоны, бахъæуа... — Сырдон йæ фæсмын уæлæфтауы йæхи
æрбатыхта æмæ байбыны иу къуымы батылд.
Райсомæй раджы фестадысты, уæйыг йæ цæст дæр не ’рцъынд
кодта, фæлæ уый дæр фæгæпп кодта. Ацыдысты æмæ иу æхсæв
арф комы бæлæсты бын баззадысты, дыккаг бон хохæй ахызтыс-
ты æмæ иу уæлвонг быдыры стыр дуртæй амад хæдзаргонды раз
иу зæронд лæджы бадгæ баййæфтой. Æввахс æм куы бацыдысты,
уæ^ кæсынц æмæ зæронд уæйыг бады дурыл, йæ лæдзæгыл йæ
сæр æруагъта æмæ кæуы. Диссаг, цæуыл кæуы?.. Сырдон ныхъ-
хъуыды кодта æмæ Сагсурæн афтæ зæгъы:
134
— Куыд æнхъæлыс, ам цæрой де знæгтæ?
— Цы сын зонын, чи зоны... Æз дзы никуы уыдтæн, фæлæ ам
æввахс искуы хъуамæ цæрой, афтæ сæ амыдтой не ’рвадæлтæ.
— Уæдæ зæронды аивæй бафæрсæм, науæд цы нæ вæййы, —
зæгъы Сырдон. — Ды иуварс лæуу, уæртæ аууоны... Ды уæддæр
уæйыг дæ æмæ йæ зæрдæ куы фехсайа... Æз æй ракъахдзынæн,
стæй дæм нæ ныхас дæр хъуысдзæн.
— Дæ бонтæ хорз уа, зæронд лæг! — дардæй бадзырдта Сырдон.
Уæйыг æм йе ’ргом нæ раздæхта, йæ бынатæй нæ фезмæлыд:
— Дæхи бонтæ дæр хорз, фæлæ кæцы дæ, цыма уæйгуыты
мыггагæй нæ дæ, афтæ мæм кæсы дæ хъæлæс?
— Цæй уæйыг дæн, мæнæ хуымæтæджы дзигло, Бирæгъы лæп-
пын — мæ ном.
— Ном дын хорз и, кæд æцæг зæгъыс, уæд ныфсхаст уыдзынæ,
бирæгЬау. Бæрæг дæр дыл у, æндæра ацы бæстæм не ’руæндыдаис, —
дис фæкаст уæйыгмæ Сырдоны ном æмæ йæм йæ сæр разылдта.
— Уый, æцæг, дзигло куы дæ... Æмæ дæ цы де ’намонд æрхас-
та? Æниу ма цæмæй тæрсай, ам уæйыг змæлæг нал ис, — нык-
куыдта та зæронд лæг.
— Цы ’рцыдис уагæры, мæ фыдыхай, цæуыл кæуыс афтæ зæр-
диагæй?
— Цы фыддæр сæ хæдзар Сау уæйыджы лæппутæн... Кæддæр
сын нæ фыдæлтимæ быцæу ахаста, туг фæзынд се ’хсæн æмæ
кæрæдзи цæгъдыныл систæм... Иу лæппу ма мын уыд ацы зæрон-
дæй æмæ мæйы размæ Сау уæйыджы фæстаг бындаримæ сæ кæ-
рæдзи амардтой. Æз мæнæ уæзæджы къæйыл баззадтæн.
— Уый стыр фыдбылыз у, мæ фыдыхай, фæлæ уæддæр цæрын
хъæуы, — зæндтæ йын амоны Сырдон. — Алкæмæн дæр сфæлди-
сæг ис, уæйыгæй — дзигломæ, æмæ йæ уый хуыздæр зоны, кæд
кæмæн хъуамæ уа йæ мæлæт...
— Гъе, дзигло, дæ зонд бæргæ хорз у, фæлæ ма мæнæн мæ
цард цы у? Ам мæ бирæгътæ ныхсындзысты, кæнæ сыдæй ным-
мæлдзынæн. Мæ бон сыстын дæр нал у, æндæра мæхи уæртæ
къæдзæхы былæй фехсин æмæ ныххæррæгъ уаин. Уыцы дыууæ
æнамонд лæппуйы ма баныгæдтон, стæй мæ къæхтæ цыдæр код-
той æмæ сыстынæн нал дæн. Ныр иу мæй бадын ам. Нырмæ куыд
нæ амардтæн, ууыл дис кæнын.
— Ау, æнæхъæн мæй стонгæй бадыс? — фæдис кодта Сырдон.
— Гъе, дзигло, ды, æвæццæгæн, хъæбулы мастæн ницыма зо-
ныс? Æз ма мæ хъæбулы марды фæстæ мæ дзыхмæ кæрдих сис-
дзынæн? Нæ, дзигло, ды цы сфæлдисæджы кой ракодтай, уый
цæрын æцæг фæдзæхста йæ рафæлдисон адæмæн, фæлæ ма сын
135
уый дæр ныууагъта — мæлын цæмæй зоной. Чи зоны йæ сымах,
дзиглотæ, нæ зонут уыцы хабар, фæлæ уæйгуытæм уый рагон фæтк
у. Æмæ æз базондзынæн мæлын. Цу ды дæ фæндагыл, рæствæн-
даг у, мæныл ма тыхс, æз фæцардтæн æмæ мæлын дæр базондзы-
нæн. — Банцад зæронд æмæ та йæ сæр лæдзæгыл æруагъта.
— Иу дзырд ма, мæ фыдыхай, стæй цæуын. Ныгæнгæ та кæм
бакодтай уыцы мæгуыр лæппуты? — бафарста ма Сырдон, ома
кæд Сагсур фенид йæ иунæг æфсымæры ингæн.
— Уæртæ фæсобау, — йæ къухтæй æнæбары ацамыдта уæйыг,
стæй ныддур.
— Дæ зæрдæйы хорзæх дæ уæд! — раарфæ кодта Сырдон æмæ
раздæхт, Сагсур цы аууоны лæууыд, уыцырдæм.
Сагсурæн фыркуыдæй æмæ æгъуыссæгæй йæ иунæг цæст ныс-
сырх, фæлæ уæддæр йæ кæуын нæ урæдта. Сырдон æм фемдзаст
æмæ ницыуал сдзырдта, бацыдысты фæсобаумæ æмæ дзы федтой
дыууæ ног ингæны. Æнцад алæууыдысты сæ цуры — цы ма сын
сæ бон уыд? — æмæ фыццаг Сырдон араст фæстæмæ. Сагсур дæр
æрзоныгуыл кодта йе ’фсымæры ингæны раз, йæ ных ыл æрæ-
вæрдта, афтæмæй алæууыд, стæй сыстад æмæ ацыд Сырдоны
фæдыл...
Æрыздæхтысты æнкъардæй Бурæфæрныджы дарæнмæ. Ницæ-
мæй сæ бафарста фысым, — нæдæр кæм уыдыстут, нæдæр цæмæн
байрæджы кодтат. Уыдон дæр сæ куыст райдыдтой æнæдзургæйæ,
æрмæст Сырдон ракодта Зæринæйæн се ’рхæндæг балцы хабар.
Цыдысты бонтæ. Хуымгæрдæн дæр æрæввахс æмæ иу бон
Сырдон Бурæфæрныгæн загъта, ома ныууайын хъæуы Нарты бæс-
тæм, бабæрæг кæнон, хуымтæ куыд сты, цы сты, кæд сæ хъæу-
дзæн кæрдын. Сразы Бурæфæрныг, ацу, зæгъгæ, æрмæст-иу мæ
хуымтæ дæр æрбæрджытæ кæн.
Рацыд Сырдон дарæнæй фæсаходæн, фосы хизынмæ куы ас-
къæрдтой, уæд. Иу чысыл куы рауади, хъæды тарфмæ куы ба-
хызт, уæд афæнд кодта: ныр фистæгæй цы цæуон? Мæ фыды
лæвар ма иу хатт уæддæр бафæлварон... Фæлæууыд, йæ лæдзæг
æмæ йæ гæрзтæ бамбæхста бæласы мæрайы, стæй скуывта: ме
сфæлдисæг, цæргæс мæ фестын кæн!
Систа йæхи Сырдон уæлæрвтæм æмæ дардыл афæлгæсыд: далæ,
гъе, Нарты бæстæ дæр! Тæхон сæм нæртон адæммæ! Цæмæй зо-
нынц, Сырдон сæ сæрты кæй зилахар кæны æмæ сын кæй уыны
сæ митæ, сæ царды нывтæ! Æркæсын сæм хъæуы бæстæтты, цæ-
мæц цæрынц, цытæ кæнынц. Æрмæст фат кæдæм схауа, ахæм
ныллæгмæ мæхи не ’руадздзынæн, æндæра мæ иу къæбæда сæхс-
дзæн æмæ дæ балгъитæг афтæ.
136
Фæзылди Сырдон хуымты сæрмæ, бадгæ дæр æркодта хуымы,
æфсиртæм фæкасти æмæ йæ зæрдæ барухс, — дзаг нæмыг сты,
ныр рæхджы фос хъæутæм скъæрын бахъæудзæн, хортæ æфснаи-
наг сты. Хæрз чысыл рæстæг рацыд йæ балцыл, ныр фæстæмæ
дæр сихормæ схæццæ уаид, фæлæ уæд цы зæгъдзæн адæмæн? Йæ
ног курдиат ничи зыдта Сырдонæн æмæ йæ Зæринæйæн дæр схъæр
кодтаид, уый йæ нæ фæндыд: хингæнæджы ном мыл сбаддзæни!
Цæй, сисон та мæхи уæларвмæ æмæ Уазайы цъупмæ стæхон.
Фенон, куыд цæрынц дауджытæ, чизоны Хуыцауæн йæхи дæр
фенон, цы нæ вæййы! Фæзынд Сырдоны сæры къæйных хъуыды
æмæ батахт хъæды арфмæ, стæй зилахаргæнгæ сфардæг арвы гуы-
бынмæ. Уазайы хох æм зынд æнæхъæнæй. Къæдзæхтæй йыл фæл-
тæртæ-фæлтæртæ уыд, ноджы йыл фæндæгтæ гæрзытæ скодтой:
бынæй адæм, уæлейæ дауджытæ æмæ сæ хистæр Хуыцау. «Раст
æй Сагсуры баст скодтой гæрзытæй æмæ йæ уыйау быдыры ас-
тæу хъенæй ныууагътой, сæ къæхтæ йыл сæрфынц, хуыйы хъы-
былæй Хуыцаумæ...» — фæтæригъæд ын кодта Сырдон. Æввахс-
дæр батахт, хохы цъупмæ æввахс ма хъæд кæм зади, уырдæм æмæ
иу фæндаджы был бæласы къалиуыл æрбадт, бæлццæттæ йæ куыд-
нæ уыдтаиккой, афтæ. Бирæ фенхъæлмæ каст æмæ ничи зынди,
фæлæ стæхынвæнд куыд скодта, афтæ йæ хъустыл ауад фыццаг
бæхы хуыррытт, стæй лæгты ныхас...
— Нæ, нæ, Уастырджи, раст нæ дæ! — дзырдта иу барджын
хъæлæс. — Сылтæй бирæ ис мæнгард, фæлæ се ’ппæт — нæ. Стæй,
чи зоны, уыцы галиу фыййау барæй зарыди, йæхи ирхæфсынæн,
мæгуыр фынтæй хъал, никуы фехъуыстай?
— Уый та куыднæ фехъуыстон, нæ буц хистæр, фæлæ фыййау
æцæг зарыди, — дзуапп ын дæтты æндæр бæзджын æмæ тыхджын
хъæлæс. — Аздæхтæн æз мæликкимæ фæстæмæ æмæ та барæй нæ
фæндаг уыцы фыййауы рæзты ракодтам. Уый ма уæддæр уыцы
ран бадти æмæ стыр райгондæй зарæг скъæрдта:
Ой, нæ мæликк, дам, абон балцы бæхау цæудзæни!
Ой, йæ рæсугъд ус, дам, ахсæв мæ быны кæфау тæлфдзæни!
— Ха-ха-ха! — ныххудти та уыцы барджын хъæлæс. — Кæфау
тæлфдзæни, и? Худæгæй мæ марыс? Уæллæй, хорз æрымысыд
уыцы куыдзы фырт фыййау! Ахæм кæфы тыххæй æз дæр фыййау
ныллæууин, æвæдза, и? Ды нæ ныллæууис, Уастырджи, раст зæгъ?
— Дæхицæй дын сомы кæнын, Хуыцау, ныллæууин æмæ ма
мæ фысымæй мызд дæр ницы æрдомин! — ныр бахудти бæзджын
хъæлæсы хицау дæр.
Сырдон ноджы нынныгъуылди, фæлæ кæронмæ рабырыд æмæ
137
сыфтæрты ’хсæнæй ракасти. Уыны, дæлæ дыууæ барæджы, сæ
дыууæ дæр базырджын бæхтыл. Сæ дыууæ дæр стыр зачъеты хи-
цау, æрмæст сæ иу стырдæр у, йæ зачъе дæр бæзджындæр æмæ
сæвджындæр. Хуыцау кæй хоны йе ’мбал, уый нарст æмæ уæззау,
йæ фындз фыдджын æмæ чысыл сырх. Ай дын мæ фыды къух,
кæд аназын чи уарзы, ахæм лæг нæу, — хъуыды кæны Сырдон, —
фæлæ, тыхæй арæзт чи у, ахæм! Йæ цæстытæ хъоппæг, фæлæ сын
цыма сæ царм исчи сæрдасæнæй фæкъæртт кодта, уыйау уь*н: æг
æмæ дæргъæццон хуынчъытæй мысты каст кæнынц дунемæ чы-
сыл цæстытæ. Ай дын мæ мæрдты къух, — ахъуыды та кодта Сыр-
дон, — тызмæг, мастхæссæг æмæ хæрам лæг кæд нæ уыдзæн, йæ
бакастыл зыны... Уыимæ фæци дæ дзырддаг, уæд райгæ у дæ
гуыры кондæй: тых дæр ыл нæ фæуыдзынæ æмæ дын хатыр дæр
нæ фæкæндзæн!
Уастырджи кæй хуыдта йе ’мбал, уый та уыд æлвæстдæр æмæ,
æвæццæгæн, кæстæр. Хистæрæн йæ зачъе — урс, кæстæрæн —
нырма мыдгъуыз. Цæсгом рæсугъд æмæ нуарджын, цæстытæ кæ-
сынц æргом æмæ комкоммæ. Ай растдæр лæг уыдзæн, — ахъуыды
кодта Сырдон, — фæлæ кæстæр у, йæ бæх дæр иннæйы бæхæй
дыууæ сæры бæрц фæстæдæр дары йæхи. Æвæццæгæн дауджы-
тæм афтæ æмбæлы, хистæр чи уа, уымæн йæ бæх дæр, йæ куыдз
дæр хистæр у!..
Нæ, мæ сæфт дзы куы уа, уæддæр мын адонæн сæ хабæрттæ
бæстондæр базонын хъæуы, — загъта Сырдон æмæ та скуывта йæ
рафæлдисæгмæ... Сырдон пысырайы цъиу фестади æмæ барджы-
тæй баразæй, стæй та сыгъзæрин фæрдгуыты хал фестади æмæ сæ
разы фæндаджы хъæбæрыл æрхауд.
Фæрдгуыты хал фыццаг ауыдта Уастырджи, бæхæй асæррæтт
кодта æмæ йæ фелвæста. Хуыцау дæр æй ауыдта æмæ фæхъæр
кодта:
— Уарæггагæй мæ хай!
— Иууылдæр дæу уæд, мæ буц хистæр, — сдзырдта Уастырджи,
йæ армы диссаджы рæсугъд фæрдгуыты хал рауил-бауил кæнгæйæ.
Хуыцау райста фæрдгуытæ æмæ сæм цымыдисæй æркасти:
— Мæ фыдыстæн, кæд нæ кадджын зæдтæй кæмæндæр нæ
ахаудтой. Æвæццæгæн ын сæ зæххон адæмæй исчи нывондæн
æрхаста æмæ сæ уый та йæ урсагъд кæфæн фæцæйхаста, фæлæ
йын æрхаудтой æмæ сæ нал ссардта.
— Цæй нывондæн, гæртам ын сæ ныббастой, æвæццæгæн, —
бахудти Уастырджи æмæ Хуыцаумæ хинкаст бакодта.
— Æмæ гæртам дæр сæ сæрмæ хæссынц? — цыма фыццаг хатт
хъусы ахæм æвирхъау хабар, уый дзырд кæны Хуыцау.
138
— Гъе, мæ хистæр, цыма йæ дæхæдæг нæ зоныс, уый дзырд
кæныс, — æнтъыснæгæй дзуры Уастырджи.
— Уæдæ ды дæр исдзынæ, и? — ныр та Хуыцау кæны хинхудт
йæ чысыл æмæ бæстон æмбæхст цæстытæй. — Æви ды æрмæст
нывæндтæ исыс?
— Нывæндтæ мæнæн æцæг кæнынц арæх, физонæджы тæфмæ
смудын уарзын. Ронг æмæ бæгæныйæ мын мæ ном куы фæарынц,
уæд уый дæр мæ зæрдæмæ цæуы, фæлæ сыгъзæринтæм æрхауон,
уый дзы нæ уыдзæни, мæ буц хистæр. Стæй æз зæххон адæммæ
мæхи равдисыныл дæр нæ зивæг кæнын, мæ бон цы вæййы, уый
баххуыс кæнын тыхст лæгæн, фæлæ мæ иннæтæй бирæ ницы уыр-
ны... Зæххыл сæ цæугæ дæр никуы федтон, исты хæрзиуæг сæм
дзы куы нæ хауа, уæм æм Уазайы цъуппæй дæр нæ акæсдзысты...
Æниу сæм дæхæдæг æркæс æмæ бафæлвар, зын базонæн не сты...
Тæрхон дæхæдæгу...
— Тæрхон уал мæн цыма фыццаг дæуыл бахъæудзæн... — йæ
ныхас ивазгæ ауагъта Хуыцау æмæ фæлварæн каст бакодта Уас-
тырджимæ.
— Мæныл? Уæд цæй тыххæй? — тардзæсгомæй фæрсы Уас-
тырджи.
— Цы дын æй æмбæхсон, хъаст дыл кæнынц зæдтæ æмæ дау-
джытæ: йæхи, дам, зæххон адæмыл ныхасы æмæ ма æрмæст уымæн
кувыныл сты, мах хъуыды дæр ничиуал кæны!..
— Афтæ бæргæ раст уаид, ницы хъуыдиаг сты, фæлæ афтæ
нæу, — ныуулæфыд Уастырджи. — Нырма сыл æууæндынц адæм,
æххуысæнхъæл тыхст лæг сындзы къутæрыл дæр фæхæцы, уый
дæхæдæг дæр фехъуыстаис, — бафыста Хуыцауæн æрдæбоны
æмбисонд мæгуыры фынты тыххæй.
— Уый афтæ фод, — йæ бæрзондæй æрдзырдта Хуыцау, стæй
фæрдгуыты хал йæ арф дзыппы ассыдта æмæ ма йæ ныхасмæ
бафтыдта? — Фæлæ райсом хур куыддæр скæса, афтæ мæ галуа-
ны куыд уай... Хъаст æвзарын хъæуы, æниу ды раст кæй дæ, уый
мæ уырны.
Уастырджи йæхи бæхмæ мæсты ’ппæрст бакодта æмæ æнæ-
дзургæйæ араст сты сæ фæндагыл дарддæр.
Хуыцау æрхызт кæрты æмæ бæх радта скъæтгæсмæ. Хæрзконд,
æлвæст лæппу рæвдз айста бæхы идон æмæ йæ кæрты ралас-балас
райдыдта, хидæй йын йæ саргъ исæн нæй, ома. Хуыцау уæззаугай
акаст йæ фæдыл, ома йæм кæд исты аипп æрхæссæн ис, уæд ын
бауайдзæф кæнон, фæсдзæуин ныхкъуырд куы нæ ’ййафа, уæд сæр-
мæ хизы, зæгъгæ, фæлæ хылы аккаг ницы ссардта æмæ иннæрдæм
азылд. — Не ’фсин, цы фæдæ, æруай-ма! — барджын хъæр скодта
139
уæладзыгмæ æмæ уайтагъд æргъæу балкъонæй ракаст стыр фенд-
даг рæсугъд сылгоймаг. Йæ рацыдæй йæ бахудт фæраздæр æмæ ма
Сырдоны зæрдæ дæр барухс. Йæхимидæг ахъуыды кодта, ахæм ус
дзы куы нæ уа лæгæн! Махæн та фæскуыст сæ хиды тæф арвыл
æмбæлы... Цы кæной, мæгуыр, сæхимæ æркæсыны бон дæр сæ
нæй æмæ... Батæригъæд кодта Сырдон æмæ Зæринæ йæ зæрдыл
æрлæууыд. Цымæ цы ми кæны афонмæ? Мачи йæ бафхæра, иугæр
æз балцы дæн, уæд цы нæ вæййы? Цалынмæ Сырдон æрхуымæй
хъуыды кодта Зæринæйыл, уæдмæ йæ хъустыл ауад æвзист мыр-
мырæгты æхцон зæлланг нæ, фæлæ адæймаджы хъæлæс: «Æмæ
мын дæ балцæй ницы æрхастай, нæ лæг?» Сырдон айхъуыста.
— Ницы не знæгты къона! Ницы та цы хоныс, æвæджиау лæ-
вар! Æрцу-ма, æз дын æй дæ хъуырыл бафтауон!
— Мæнæ ма, цы диссаджы аив конд у! — ныццин кодта ус æмæ
раскъæфта фæрдгуыты хал йæ лæджы армæй. «Скъуынгæ мæ куы-
нæ акæнид, ацы æрра...» — бакатай кодта Сырдон, фæлæ дзæгъæ-
лы, йæ уæлвæд усы фæлмæн, дзæнхъаурс æмæ авглæгъз хъуырыл
æртыхсти. «Ай дзы, æвæдза, æз дæр æвзæр кæфы хъуырыл не
’рцауындзæг дæн!» — йæхинымæр бахудт Сырдон.
Хуыцау схызт уæладзыгмæ, зæрин къæлæтджыныл æрбадт æмæ
уæззау ныуулæфыд:
— Куыдзы фæллад бакодтон саргъыл. Хъуыддæгты фæдыл
зилын дæр, не ’фсин, иу замана у. Сымахæн, сылтæн æнцондæр
цæрæн у.
— Уый ма зæгъ, æвæдза, махæн дæр ис хъуыддæгтæ! — фæ-
цырд æм ус.
— Уыдонæй райгæ ут, фæлæ мын мæ цырыхъытæ куы аласик-
кат, — ныуулæфыд та Хуыцау, — мæ къæхтæ тæвды сфыхтысты.
— Уый мæ быгъдуан, — фездæхт æм ус. — Абон дын сæ мæхæ-
дæг хъуамæ раласон, ахæм лæвар мын никуыма бакодтай! Дæ къæх-
тæ ма дын æхсгæ дæр ныккæндзынæн, цæмæй йæ зонай, де ’фсин
дæ куыд бирæ уарзы...
— Уый хорз зонын, не ’фсин, æнæуый дæр, фæлæ мын де
’хсад æхцондæр у лæггадгæнæджы къухы ’внæлдæй...
— Искуы ма нæ, уæдæ дын æз æмæ лæггадгæнæг иу тæразыл
баргæ стæм! Цы нæ зæгъдзынæ! Лæггадгæнæджы къухы ’внæлд
дын æхцон куыд хъуамæ уа, мæнæн æппындæр нæ уаид æхцон,
нæ лæг! — срог дзурыныл ус.
— Хорз, хорз, нæу мæнæн дæр. Уазал дон фен, стæй исты
ацаходон æмæ аулæфон, изæры ма мæ хъуыддæгтæ ис.
— Ныртæккæ, ныртæккæ, дæ уарзон нозтæй дæр дæм фæкæс-
дзынæн!
140
— Уый дын мæ зæрдæмæ цæуы, не ’фсин, фæллад лæгæн æв-
дадзы хос у, — бацин кодта Хуыцау, стæй йæ къæхтæ ауагъта
сыгьзæрин тасы рæсуг доны. Æ-гъи, мæ уд уалæ мигъы фæлтæ-
рыл абадти!..
Хуыцау йæхи хорз федта нозтæй дæр, хæрдæй дæр, стæй æх-
синæджы пакъуыйæ конд гобаныл æрхуыссыд æмæ йæхи бамбæрзта
зæлдаг хъæццулæй. Йæ сæр куыддæр базыл æрæвæрдта, афтæ йæ
хуыр-хуыр ссыди æмæ ус дуарæй федде ис. Ныууад бæхдонмæ
æмæ бæхгæсы бæхы рагъ хафгæ баййæфта.
— Æркæс-ма, цы лæвар мын æрхаста нæ лæг! — æвдисы йæ
фæрдгуытæ бæхгæсæн.
— Иуварс лæуу, æндæра бæх знæт кæны æмæ дæ ныццæвдзæ-
ни, — хаты йæм, Хуыцауы къухæй бæх чи райста, уыцы лæппу.
— Куыд, æз иуварс лæууон? Æмæ дæм уæд æввахс та чи хъуа-
мæ лæууа, и?
— Иуварс дын зæгъын, знæт бæх у!
— Уый мæм цытæ уæндыс? — барæй йæхи фæмæстыхуыз код-
та ус.
— Куыдтæ дæм уæндын? Мæнæ афтæтæ! — ныххудт лæппу
æмæ усы фæлмæнтæн пырхкъухæй иу февæрдта. Сырдон фырæф-
сæрмæй асырх и.
— Гъе уый лæппуйы ми, уый мæ зæрдæмæ цæуы! — сдзырдта ус
æмæ лæппуйы æфцæджы æрцауындзæг. Сырдон ма фырæфсæр-
мæй цы акодтаид, уый нал зыдта æмæ йæ цæстытæ бацъынд кодта.
— Иуварс, ард дæ бацæуа, хистæр нæ уыны! — фæтарст лæппу.
— Тæрсгæ ма кæн, хуыррытт фынæй кæны! — бахудт та ус
æмæ пъайы зæлланг ауад Сырдоны хъустыл.
— Афтæ у уæдæ, — сдзырдта лæппу, йæ хъæбысы атыхта усы.
Усæн йæ риу фæрыст æмæ фæрдгуыты хал ратыдта, иуварс æй
авæрдта. Сырдон сулæфыд, стæй æхсынкъ фестад æмæ бæхдонæй
рагæпп кодта. Æрæджиау ус куы рацыд, уæд та фесхъиудта æмæ
йæ сæры хъуынты ныббырыд. «Ахсæв бонмæ йæ æргæвддзынæн,
хуыссæджы цъыртт куыднæ фена йæ цæст æмæ дзы уымæй уæд-
дæр райсдзынæн нæ буц хистæры маст», — загъта Сырдон æмæ
арфдæр ныббырыд бæрзæйы хæрздæф хъуынты.
Æхсæвы усы зæрдæ чысыл куы афæлмæн йæ лæджы узæл-
дæй, уæд ын Сырдон йæ тæккæ уæнты астæу тыхджын фелхыскъ
кодта.
— Дæдæй! Цыдæр мæ аргæвста, — фесхъиудта ус æмæ фæба-
дæгау.
— Усай, æрра сдæ æви? — ницы бамбæрста Хуыцау йæ усы
ныхæстæй.
141
— Сæрра дæ кæнæд де сфæлдисæг! — сбустæ та кодта ус æмæ
фæлæбурдта йæ чъылдыммæ. — Аных ма мын мæ чъылдым, цы-
дæр мыл фæхæцыд æмæ дзы мæ уд схауы!
— Ныууадз дæ джидзæггаг ныхас, цы дыл фæхæцыди, ардæм
мигъы къуыбар сленк кæнын куы нæ уæнды, уæд? — йæ чъылдым
æм сыздæхта Хуыцау.
— Цы фыддæр дæ хæдзар, аммены дæр! — сбустæ кодта ус. —
Æркæс мын мæ чъылдыммæ, фен, кæддæра цы у!.. — фæзылдта
йæм ус йæ гом чъылдым æмæ мыдадзын цырагъ ссыгъта. — А,
æркæс рухсмæ!..
Хуыцау райста цырагъ æмæ рухсмæ æркаст йæ усы чъылдым-
мæ. Раст дыууæ уæны астæу, рагъы стæджы нучы бæрæгæй зын-
ди иу сырх тæпп... Ай раст куы зæгъы æмæ йæ æз дзæгъæлы куы
’фхæрдтон, — ахъуыды кодта лæг æмæ йын йæ хæст бынат адауд-
та армытъæпæнæй.
— Æрхуысс, ныр дын адуду уыдзæн, — рæвдауæн ныхасæй
йын йæ зæрдæ алхæдта æмæ йæ йæхирдæм фæзылдта, фæлæ та
Сырдон усы дæларм йæ тых, йæ бон нылхыскъ кодта æмæ ус
ногæй сæрдиаг кодта. Хуыцау рамæсты.
— Алæ-ма æркæсæм, цы у, цы дæм лæбуры! — аппæрста Хуы-
цау хъæццул æмæ сæ дыууæ дæр фестадысты. Раппæрстой хъæц-
цул бынтондæр æмæ йæ бирæ фæцагътой дыууæйæ, йæ кæрæттыл
хæцгæйæ. Стæй гобаныл дæр бирæ фæцагуырдтой цырагъы рухс-
мæ, фæлæ ницы ссардтой æмæ та ныххуыссыдысты.
— Уый æхсынкъ уыд æнæмæнг, — загъта ус. — Рабыр-бабыр
кæныс алы рæтты æмæ йæ кæцæйдæр æрхастай!
— Дзæгъæлы ма дзур! — схъæр кодта лæг. — Æз дауджытæй
дарддæр никæмæ вæййын æмæ уыдонмæ æхсынкъ цы ми кæны?
— Куыд цы ми кæны! — фæтъæлланг та ласта ус. — Уыдон
зæххон адæмимæ æмбæлынц, лымæн устытæ дæр дарынц æмæ йæ
кæйдæр гаццайы дымæгæй рахастай!.. Чи зоны, йæ дæуыл барæй
дæр бафтыдтой, цæмæй нæ цард сæнад уа! Афтæ æнхъæлыс æмæ
дæ бирæ уарзынц?.. Тæрсгæ дæ кæнынц, тæрсгæ!..
— Ныххуысс, æдылы къоппа! — смæсты Хуыцау гаццайы кой-
мæ, фыййауы зарæг йæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ йæхимидæг
бахудти. Цырагъы рухсмæ ус фæхатыд уыцы худæзмæл лæджы
цæсгомыл æмæ рамæсты.
— Ноджы мыл худгæ кæныс? Æз та æнхъæл уыдтæн, мæт мыл
бакæндзынæ!
— Цæй, ныууадз дæ мæсты ныхас, — фæзылд æм æмæ йæ æр-
бахъæбыс кодта. — Цæуыл худын, уый куы зонис! — йæхи айвæз-
та Хуыцау, æхцоны ивæзт.
142
Радзырдта усæн Хуыцау фыййауы зарæджы хабар æмæ ус дæр
бахудти:
«Кæфау тæлфдзæни! Ха-ха-ха!»
Усы худт хъыг фæкаст Сырдонмæ, — худы, цыма, йæхæдæг
хуыздæр у! — ногæй та фæхæцыд усыл. Уый фесхъиудта æмæ
Хуыцау йæхи нал баурæдта:
— Усай, хатыр бакæн, фæлæ хицæнæй схуысс, мæн райсом
бирæ хъуыддæгтæ ис æмæ чысыл куы нæ афынæй кæнон, уæд
æррайы хуызæн уыдзынæн æмæ худинаг у дауджытæй, æмбыр-
дæй мæм уыдзысты райсом...
Ус тыфылтæ калгæ фæгæпп кодта.
— Уыдон дæр маймулитæ æмæ ды дæр! Тфу! Дæ цæукъайы
тæфмæ нырмæ дæр куыд фæрæзтон!.. — йæ уаты, бон кæм улæ-
фы, уым абырыд ус. Сырдон æй фæмæстæй мардта суанг æрдæ-
гæхсæвмæ, фæлæ уый йæ лæджы фыдæнæн иу сыпп дæр нал скод-
та, æрмæст дыууæ къухæй ныхта йæ уæздан царм æмæ йын, ех-
сæй надау, сырх тæлмытæ сæвæрдта.
Райсомæй хур нæма скасти, афтæ Хуыцау фестад æмæ усы
дæр райхъал кодта:
— Æхсин, уæлæмæ сыст, абон мæм сæумæцъæхæй стыр æм-
бырд ис æмæ ды дæр мæ галиу фарсмæ хъуамæ бадай. Дæ дзау-
мæттæ скæн.
Ус йæхи айвæзта æмæ бахъуыр-хъуыр кодта:
— Ныууадз мæ, фынæй мæм цæуы, дæ джидзæггаг æмбырд
аргъæв...
— Уæлæмæ сыст æмæ фæстæмæ дзурын та рох фæкæн! — фида-
рæй загъта Хуыцау æмæ йæхæдæг йæ дзаумæттæ кæнынмæ фæци.
Ус бамбæрста, нæй дзы æнæрастгæ, æмæ рабадт.
— О æмæ цы ’рцыд, цæуыл та æмбырд кæнут, куы нал фæра-
зын уе ’мбырдтæ æмæ уæ дзæгъæлы ныхасæй! Фырдзырд уын
низау куы сси!..
— Уастырджийыл хъаст æрбацыд æмæ йæ æвзарын хъæуы.
— Уастырджийыл?! — тынг фæдисы ус. — Æмæ уæм уымæй
лæгдæр куы ничи ис, уæд цы тæрхойнаг фæци, науæд ыл чи хъаст
кæны?
— Ис дзы хъæстгæнджытæ, дауджытæ æндæр цы ми кæнынц
дæумæ гæсгæ?
— Гъы, ничи сæм кæсы! Уастырджимæ сæхи ивазынц! Ды дæр
хорз лæг дæ, уыдон дзырдмæ чи хъусы!.. Уастырджи уын куынæ
уаид, уæд уæм кувгæ дæр ничиуал скæнид! Уый лæг у, лæг!
Хуыцаумæ хъыг фæкаст, йæ ус Уастырджийы сæрыл кæй гæ-
рæхтæ кæны, уый æмæ йæм мæстыйæ æрбадзырдта:
143
— Æхсин, цыма йæм æгæр дæ цæстытæ фæдзагъултæ кæныс!
Канд æз нæ, фæлæ йæ зæдтæ-дауджытæ дæр хатын райдыдтой
æмæ худинаг у!..
— Зæдтæ-дауджытæ!.. — йæ былтæ сысчъилтæ кодта ус. —
Уыдон цæутæ куы сты сæхæдæг! Иунæг Уастырджийæ сæ цæуы
лæджы смаг æмæ йæм хæлæг кæнут, уый зæгъат! — æцæг райдыд-
та тæвд кæнын ус. — Уый йæ бакастæн дæр у даринаг — айнæджы
фарсы хуызæн! Сымах та уæ хытъынтæ рауагътат æмæ мын сæхи
радавынц — зæдтæ æмæ дауджытæ!
Хуыцау æм йе ’рфгуыты бынты бакасти, ай æцæг куы смæсты.
Уым дæр мацы сдзура? Уæд худинаг у... Ам æй уадзин æмæ æгъ-
дау нæ амоны...
— Усай, дæ дзаумæттæ скæн æмæ бирæ мауал дзур, мæ адæм
цы сты, уый та дæ дзыхы радавинаг нæу. Дæ дзырд-иу баууил,
стæй йæ зæгъ!
— Хорз, хорз, — æрсабыр ус. — Нал дзурын, фæлæ цы стут,
уый уын загътон. Стæй йæ æз куы нæ зæгъон, уæддæр бæрæг у, —
йæ былтæ акъуырдта æмæ йæ дзаумæттæ кæныныл фæци...
Æмбырд уыди Хуыцауы сыгъзæрин галуаны. Хуыцау бадти стыр
уаты тæккæ астæу иучысыл бæрзонд ран, æргъæу бандоныл, йæ
галиу фарс чысыл ныллæгдæр бандоныл — йæ ус, æхсин. Хуыцау
йæ галиу къухæй æнцой кодта рæмбыныкъæдзæвæрæныл, йæ пых-
цыл арм ыл сæрибарæй барджын æвæрдæй дардта, рахиз къухæй
та хæцыд стыр, хъæды стæвдæн болат лæдзæгыл, лæдзæг бынæй
уыд нарæгдæр, фæлæ куыдуæлæмæ апæлæхсар æмæ йæ сæрмæ
æввахс дыууæ дихы фæци — алы дих дæр дзы фыры сæр фестади
кæронæй. Фырытæ цыма æндæртимæ хыл кодтой, уыйау сæ уæз-
зау здыхт сыкъатæ æмæ хъандзал бæрзæйтæ ныггуыппæввонгæй
дардтой, кæрæдзимæ чъылдымздæхтæй. Лæдзæгæн йæ астæуæй
чысыл уæлдæр фидар хæст уыди Хуыцауы тыхджын къух. Ус
æнцад бадти, йæ рахиз къух сарæзта йæ уадулмæ, йæ галиу армы
та дардта æвзистæй конд хъоппæджы дидинæг. Дидинæджы ба-
зырты æхсæн, цыма дзы дысоны æртæхы фæрдыг ныффидар, —
тыбар-тыбурæй рухсы фæливæн хаста стыр, тымбыл налмасы
къæртт.
Æнцой уыди æхсин, фæлмас цæстæй касти йæ адæммæ Хуы-
цау. Зæдтæ-дауджытæ къордтæ-къордтæй æмбырд кодтой æмæ сæ
бынæттæ ахстой, цæуылдæр ныллæг хъæлæсæй дзургæйæ. Хуы-
цау æнхъæлмæ каст иуæй хуырскастмæ, — нысан рæстæгмæ, ин-
нæмæй — Уастырджимæ. Иæ цæст ыл нæ хæст кодта æмæ йæ
зæрдæ æхсайдта: кæд, мыййаг, нæма æрбацыди, кæнæ цæуын-
вæнд æппындæр нæ кæны, знон мæстыйæ ацыд йæ цурæй. Уый
144
гæнæн нæй, уæд æй карз бафхæрын бахъæудзæн... Иуæн куы
ныггæдзæ кæнай, уæд иннæтæ дæр дæ сæрмæ схиздзысты!.. Нæ,
уый йын барст не ’рцæудзæн! Цæй, кæд зынид...
Уалынмæ хур йæ был сдардта æмæ галуаны фæрссæгтæ, тæ-
нæг дзæнхъайы сыфтæй конд, цæхæртæ акалдтой, галуан рухсæй
айдзаг. Æмбырд райдайын хъæуы, фæлæ Уастырджи зынæг нæма
ис! Хуыцау фыццаг фæуыргъуыйау, йæ дзырд ын ницæмæ æрдард-
та?!. Уый та куыд?!. Уæд та ма анхъæлмæ кæсон, — цы нæ вæййы,
лæг байрæджы дæр зоны...
Зæдтæ-дауджытæ базмæлыдысты сæ бынæтты æмæ сыбар-сыбур
райдыдтой. Хуыцау æй базыдта, уымæ у сæ каст, ома цы ми кæныс,
цæуылнæ бафхæрыс, æгъдау афтæ гуымир хæлд чи кæны, уый! Ба-
зыдта йæ, фæлæ йæхинымæр загъта: уадз æмæ иучысыл афæлмæ-
цой, стыхсой, мæн куы фæнда, æмбырд дæр уæд кæй райдайдзæн,
уый зоной, ам æз дæн хистæр æмæ сыбыртт дæр мачи кæнæд!..
Чысыл фæстæдæр иу зæд, йе ’мбæлтты ’хсæн ныббырыд, Хуы-
цау æй куыд ауыдтаид, æмæ афтæмæй ивд хъæлæсæй сдзырдта:
— Уый цы ног æгъдау у, хорз зæдтæ, Хуыцауы ныхас дæр куы-
нал æххæст кæнæм?! Æви нæм, фæтк чи æрæвæра, уый нал и?..
Хуыцау йæ рихийы бын йæ был фæзылын кодта, ома къутæры
бынæй куыд хъæбатыр рæйд кæны! Дзургæ ницы скодта, фæлæ
æрæджиау йæ къæхты рæбын асингонды къæпхæныл цы лæппу-
зæд бадти, уымæ йæ цæсты тигъæй фæдзырдта. Уый йæ уæлхъус
алæууыд æмæ йын Хуыцау йæ хъусы баулæфыд: «Акæс-ма уæла-
синæй, Уастырджи никуыма зыны...»
Лæппу-зæд нырма уаты астæумæ нæ рахæццæ, афтæ иу æнæ-
бары, тæнтихæг зæд йæ бынатæй фестад æмæ сдзырдта:
— Нæ буц хистæр, мæ чысыл зондæй не ’мбырд райдайæм...
Йед у, Уастырджи мæнæн рагæй хæлар у, фæлæ, æвæцæгæн, йæ
зылын зоны æмæ йæ цæсгом нæ разы æрлæууын нæ хъæцы. Афтæ
уыдзæн, мæ фыдыстæн. Æмæ йед у... Дзæгъæлы йæм æнхъæлмæ
кæсæм, тæрхон райдайæм.
Хуыцау æм йæ цæстытæ иу ирд фæкодта æмæ зæд йæ бынаты
фæхæбæцц. Хуыцау фыццаг дзурынмæ ницы хъавыд, ома йын
цæстæнгасæй бамбарын кодтон æмæ йын фаг у, фæлæ йын хъыг
уыд йæ комкоммæ гæдыныхас æмæ йæ фæрæхуыста:
— Кæд ды йæ хæлар дæ, уæд Уастырджи бынтон æдылы куы у...
Зæдтæ бахудтысты, цæстмæ худт, ома разы стæм дæ ныхасыл,
кæд дзырды худæгæй ницы уыд, уæддæр ын йæ зæрдæ хъуамæ
балхæдтаиккой. Хуыцауы зæрдæмæ нæ фæцыд уыцы æнæбары
кæнгæ худт æмæ йæ цæсгом фæтар. Сырдон сæм лыстæггай касти
æхсины хъусы дæлбазырæй æмæ сыл уый зæрдæ дæр фæхудти
10 Смрдопы цæссыгтæ
145
æмæ хъуамæ базмæлыдаид, фæлæ уыцы уысм фæхатыд, æхсин
фынæйы сым-сым кæй райдыдта æмæ ахъуыды кодта, зæдтæ йæ
куы феной, уæд фæрайдзысты Хуыцауыл дæр æмæ æхсиныл дæр.
Нæ, уый гæнæн нæй! Æмæ йын йæ дæлхъус фелхыскъ кодта. Æхсин
фесхъиудта æмæ йæхи бадзæбæхтæ кодта, афтæмæй та æрсабыр
йæ бандоныл. Йæ фæсхъус аныхын æй фæндыд, фæлæ нæ бауæн-
дыд. Сырдон дæр ныхъхъус, нал æй фæцагайдта æмæ æхсин цы-
мыдисæй афæлгæсыд æмбырдыл: кæм ис уæдæ Уастырджи, æви
тæрхон фæци æмæ йæ æз нæ базыдтон, æви нæма æрбацыд?
Раст уыцы рæстæджы лæппу-зæд дуары цурмæ ахæццæ æмæ
йын йæ хæцæнмæ февналон куыд загъта, афтæ дуар байгом æмæ
дзы æрбахызт Уастырджи. Лæппуйы цыма уынгæ дæр нæ фæкод-
та, уыйау йæ цурты ахызт, тагъд къахдзæфтæй комкоммæ Хуы-
цауы размæ балæууыд æмæ йын йæ сæрæй ныллæг акуывта, стæй
фидар загьта:
— Хатыр, нæ буц хистæр! Байрæджы кодтон иучысыл æмæ
ноджыдæр хатыр. Хъуыддæгты фæдыл уыдтæн зæххон дунейы
æмæ мæ ратæхыны хæдразмæ иу хъæддзау лæгæн йæ суджы уæр-
дон цъыфы афæлдæхт. Ницы йын фæрæзта йе сфæлдахынæн, йæ
галтæ фæцæйхурх кодтой æмæ мæ зæрдæ нал фæлæууыд, бацыд-
тæн уæрдоны бын, сфæлдæхтон æй, цъыфæй йæ рахизын кодтон
æмæ уæ разы æрбалæууыдтæн. Дыккаг хатыр та уымæй æмæ мæ
мæ пæлæз раивыны фадат нал фæци, уæ разы цъыфæйдзæгтæй
æрлæууыдтæн. Уый тыххæй уæлдай хатыр курын нæ цытджын
æхсинæй. — Уастырджи ныллæг акуывта æхсинæн, æмæ уымæн
йæ зæрдæ хурварс абадти.
— Сымахæй дæр хатыр, нæ номдзыд зæдтæ-дауджытæ, уæ
зынаргь рæстæгæй уын кæй фæкайдтон, уый тыххæй, — фездæхт
æмбырды бадджытæм Уастырджи æмæ сын йæ сæрæй кувæгау
акодта. — Ныр мæнæ дæн æмæ уæ тæрхон кæнут.
Сырдоны зæрдæмæ фæцыд йæ ныхас æмæ йæ иу къухæй йæ
бохъыр алæгъзытæ кодта. Хуыцау дæр дзы фæбузныг æмæ йын йæ
сæрæй чысыл акуывта, ома дын дæ хатыр исын, стæй радзырдта:
— Хъæстгæнджытæй дзурæд иу!
Утæппæт æмбырд сусу-бусуйыл фæци. Ничиуал уæндыд дзу-
рын. Цалынмæ Уастырджи уым нæ уыд, уæдмæ хъæбатыр уыдыс-
ты, фæлæ йын ныр йæхи куы федтой, гæдыныхас сын кæй нæ
ныггæдзæ кæндзæн, уый куы базыдтой, уæд йæ ныфс ничиуал
хаста æмæ кæрæдзимæ хатыдысты: нæ ды радзур, нæ — ды!
Æрæджиау иу дæргъæлвæс зæд йæ базыртæ сцагъта, йæхи сраст
кодта, йæ чысыл зачъе адаудта æмæ лыстæг хъæлæсæй, хатыр
курæгау, райдыдта аив, æгæр аив нывæндын йæ дардыл ныхас:
146
Хатыр, нæ номдзыд дауджытæ ’мсе зæдтæ!
Нæ хурты хур, нæ буц хистæр, хатыр,
Ды дæ нсе дарæг, не скаст дæ, нæ ныфс,
Дсе цуры дзурын не ’мбæлы мæныл,
Фæлæ уæндын æмæ мын сей ныббар!
Уæздан æхсин, нæ сылыстседжы фидыц!
Уселдай хатыр та курын сез дсеуæй!..
А Уастырджи дæр ма фæуæд хсерам,
Нсе хуыздæртæн ссе зынгæдæртæй у,
Фæлсе рæдийы... Гъе, æмсе нæ хсес, —
Нсе цытджын лæгмæ бадзурæм йæ рседыд...
Æфсати æмæ Сафа бадтысты къуымы фæрсæй-фæрстæм. Сафа
цыдæр хæрынкъа йæ дыууæ армы рауил-бауил кодта æмæ дзæбæх
не хъуыста, фæлæ Æфсатийæн æрæджы йæ цæст скъахта хъаз-
тæмхасæн тугдзых сырдты хицау Тутыр æмæ йын дзæбæх сси,
фæлæ йæ нырма сау сычъидзармы уадздзагæй бастæй хаста. Ныр
ам йæ бафхæрæджы уыдта, бадты иннæ кæрон бандоныл ныф-
фæрсыл æмæ йæ даргъ, сырх-сырхид боцъо даудта. Раст-иу ыл
роцъойы бынæй йæ рахиз къухы уæларм рауагъта йæ тæккæ цъуп-
мæ. Куы-иу æй феуæгъд кодта, уæд-иу зачъейы лыстæг кæрон,
калмы дымæгау, йæ сагæхты амбæхст. Æфсати йæм, мæгуыр, йæ
иунæг цæст дардта æмæ йæ хатыд, уый фыдæнæн афтæ кæй кæны.
Мæстæй йæм марди, фæлæ йыл нæ тых кодта лæгæй-лæгмæ, хъо-
мыл фырт та уымæн нæ уыд æмæ йын цы сарæзтаид! Хъуыста
дзурæг зæдмæ дæр, фæлæ йæ ныхас кæй нытъанг кодта, цы азым
хæссы Уастырджимæ, уый бæрæг дзы кæй нæ уыд, уый йæм хъыг
фæкаст æмæ Сафайы басхуыста: «Хъус-ма, хъус, уыцы хъазы хъуыр-
мæ, уæдæй нырмæ дзуры æмæ дзы ницы бамбæрстон... Цыдæртæ
лæхуры: буц хистæр! уæздан æхсин! номдзыд куыйтæ!.. Тфу, мæ
куыдз дын бахæрæд дæ кæрдзын! Кæд исты дзуринаг дæ, уæд æй
зæгъ, æвзæр куыдзау ма цы хъырныс!..»
Æфсати йæ маст дзурæгыл ныккалдта æмæ йын Сафа ницы
бамбæрста, цæуыл æм фæхæрам, фæлæ уый дæр йæ хæрынкъа
дзыппы нывæрдта æмæ фæхъусыныл.
Дзурæг зæд йæ зарæг дарддæр кæны:
Мах не ’ппсет дсер æмссер адæм ыстæм.
Мæ дзырд мын мачи бамбарæд зыгъуыммæ,
Нсе хурты хур нсеу никæмсен семссер,
Æмссер зсегъын æз мсенæ афтсе — зседтæй.
Æмæ нсе исчи уый зæгъсег куы суа,
Лæгдæр дсен сез, мæнсен уæд цыт фылдсер, —
Уæд раст нæ уыдзсен! Усед уыдзæн рседыд!
147
Рæдыд, рæдыд! Ыстыр рæдыд! фыррæдыд!
Ис ахæм рæдыд Уастырджимæ раст!..
Зæххон адæм ныр уымæн кувæг систы,
Нæ кувæндæттæ махæн та афтид,
Йæ фынгыл дæр сæ ничиуал ыссары
Нæ ном, нсе кад, нсе цыты ном, нæ буц ном!!!
Æмæ цæмæй, цæмæй лæгдæр у уый?!
Кæд мæн фæрсут, уæд — ницæмæй æппындæр!..
Фæлæ йæхи уый адæмыл ныхасы,
Зæххон фæндæгтыл лекка кæнын сисы...
Уастырджи фестъæлфыд «леккайы» коймæ, фæлæ йæхиуыл
фæхæцыд æмæ та ныссабыр. Зæдтæ цинæй мардысты дзурæджы
хъæбатыр ныхасыл, фæлæ нырма нæ зыдтой, цы цæстæй ракæс-
дзæн хурты хур уыцы хъастмæ æмæ уымæ гæсгæ йæ цин равди-
сын ничи уæндыд. Дзурæг фæныфсджын æмæ дарддæр нывæнды
йæ хъасты сæрсафæн хыз:
Æмæ йыл адæм баууæндынц... Ныр кувынц,
Уæд ракæнынц Хуыцауы кой фыццаг,
Ыстæй йæ уæлвæд: Уастырджи, дæ хорзæх!
Уый раст ми нæу! Нæу раст ми уый!!!
Тынг разыйæ фæтъæлланг кодта зæд, цыма тæккæ цырвмæ
бахæццæ.
Нæхи тыххæй æз нал дзурын. Мах цы,
Хуымæтæджы рæнхьон зæдтæ, дыуæгтæ...
Нæ кой дзы нæй æмæ дзы ма уæд! Хорз!..
Фæлæ Хуыцау! Нæ хурты хур, нæ дарæг!
Нæ царды ныфс, нæ лæууæн!.. Уый та, уый?!
Куыд хъуамæ кæнай уыимæ æмсæр
Дæхи дæр æмæ искæй дæр?.. Нæу раст!
Æфхæрд у уый, нæ хурты хур, дæуæн,
Æмæ нæ хьаст, гъе уый тыххæй у раст!
Фæдæн мæ дзырд, тæрхонгæнæг фæу...
Зæд йæ былтæ зæлдаг дысы алгъæй асæрфта æмæ сбадти.
Ныр ныхасы рад Хуыцаумæ хауд æмæ иууылдæр ныхъхъус
сты. Хуыцау йæ цæстытæ ныцъцъынд кодта, йæ чысыл цæстытæ
уæлтъыфалты тымбыл æмбæрзæны бынæй зынгæ дæр нал кодтой.
Уый нысан кодта — ныхас йæ зæрдæмæ нæ фæцыд. Иудзæвгар
ницы сдзырдта, стæй йæ иу æнгуылдзæй фæсидт дзурæгмæ, ома
мæ размæ æрцу. Уый сыстад æмæ тæрсгæ-ризгæ бацыд, асины раз
æрлæууыд. Хуыцау æм йæ бæрзондæй æркаст тызмæгæй:
148
— Зæгъ-ма, дæ ном аргæйæ, дæ хæрзиуæгæн кувгæйæ, искуы
зæххон лæг мæ ном ссардта?
— Дæ ном? Иууылдæр дæ ном арæг сты адæм, уæдæ куыд? —
фæтыхст зæд.
— Мæнæн кæй кувынц, уый мæхæдæг зоиын, фæлæ, зæгъæм,
ды бацыдтæ хæрзиуæджы кæмæндæр. Дæ ном арын æй бафæн-
дыд йæ куывды æмæ мæ ном дæр уыйадыл ссардта?.. Уыд ахæм
хабар? — бафарста та Хуыцау.
— Нæ зонын, — йæ уæхсчытæ фенцъылдта зæд. — Уымæн ницы
зонын...
— Уæдæ куыд хорз зоныс, Уастырджийæн кувгæйæ, фыццаг
мæ ном кæй ссарынц, уый? Стæй дæ куыд фæнды, цæмæй Уас-
тырджи дæр хæрзиуæг мауал кæна æмæ мын мæ ном дæр, уый
ном дæр мачиуал ара?!
Зæд базыдта, хъуыддаг кæцырдæм зилы, уый æмæ афæлурс.
Зæдтæ йын фæтæригъæд кодтой сæхимидæг, фæлæ иннæмæй та
алчидæр цин кодта, уый бынаты кæй нæ бахауд, ууыл æмæ йыл
фæрадыдысты: йæхи аххос уыди, æдылыйы фæндаггаг фыццаг
хæрдæуы, цы йæ дзурын кодта, иннæты разæй цы рагæпп ласта!
Лæгдæр у æви? Афтæ йын хъæуы!..
Хуыцау ма йæм иу былысчъил каст æркодта йæ бæрзондæй,
стæй иннæрдæм аздæхт, æрдзырдта та йæм:
— Цу, сбад. Абонæй фæстæмæ ардауæн æмæ нымудзæн ныхас
ферох кæн. Ферох кæнут ахæм митæ уе ’ппæт дæр! — фæтъæл-
ланг кодта Хуыцау, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд æмæ зонд амонын-
мæ фæци: — Ныууадзут уыцы митæ. Науæд нырæй фæстæмæ ха-
тыр никæмæнуал уыдзæн. Нæ фехъуыстон мачи зæгъæд...
Хуыцау фæсабыр. Зæдæн сбадыны фадат радта, иннæтæн та
йæ фæдзæхстыл ахъуыды кæныны рæстæг, стæй уæд бафарста:
— Искæмæ ма исты дзуринаг ис, исчи ма хъаст кæны?
Фыццаг æгуыппæгдзинад анхъæвзта æмбырдыл, стæй æрæ-
джиау къуымæй райхъуыст Æфсатийы уазалдзыд хыр-хыргæнаг
хъæлæс:
— Æз хъаст кæнын, æз!.. Мæнæн мæ цæст скъахта тугдзых
Тутыр!.. Бафхæр æй æгъдаумæ гæсгæ, науæд æнæхицау макæй
банхъæлæд! Дæумæ рæстдзииад куы нæ ссарон, уæд та мæ маст
мæхæдæг исдзынæн! — загьта Æфсати лæугæйæ, стæй æрбадти,
йæ зæронд зæнгтæ дыз-дыз райдыдтой æмæ тарст, куы фæцуда
æмæ йын йæ лæмæгъдзинад куы феной атæипæт адæм.
— Ницы скъахтон! — фæтæррæст ласта сырхбоцъо Тутыр. —
Уый хъазгæ кодтам хъæл æмæ лæдзæгæй, афтæмæй æрцыд, лæ-
дзæджы кæрон ыл суад, йæ цæст фæхауд æмæ уый цы мæ аххос у!
149
Хатыр дзы ракуырдтон, æндæр ын цы кæнон? — йæ даргъ цæнгтæ
фæйнæрдæм фæхаста Тутыр.
— Гæды зæгъы! — æргъæвст хъыбылау фæхъыллист кодта
Æфсати. — Гæды, гæды! Уый барæй бакодта, цæмæй мæ фосы
рæстмæ ма уынон æмæ мын сæ сохъыр цæсты ’рдыгæй йæ туг-
дзыхтæ фæдавой!.. Афтæ уыди æмæ йын — æфхæрд, науæд ын
мæхæдæг схос кæндзынæн!
— Кæмæн схос кæндзынæ, кæ, хæмпæлы уызын, алæ-ма?! —
фæцæлхъ кодта Тутыр æмæ йæхи байвæзта Æфсатийы ’рдæм. —
Æви дын иннæ цæст дæр скъахон, уый дæ æрфæндыди?!
— Рацу-ма, рацу, тугдзых, æз дæ дæ тугæй сæрст боцъойæ
далæ Уазайы къæдзæхæй нысхойон, сынтытæ дæ куыд ныхсыной! —
нал баурæдта йæхи Æфсати дæр æмæ йæ кæд тыхæй ницы ныфс
уыд, уæддæр æй зыдта, зæдтæ йæм не ’рбауадздзысты йе знаджы,
æфхæрд ыл нæ сæмбæлдзæн æмæ йæ мæстытæ иста фидистæ æмæ
æртхъирæнтæй.
Тутыр айтæ-уйтæ нал фæкодта, лæдзæг бæрзонд фæхаста æмæ
йæ хъуамæ ныххуырстаид Æфсатийыл, фæлæ йын Уастырджи йæ
цонг ацахста, йæ лæдзæг ын сыскъуыдта æмæ йын ахæм хæст
æркодта йæ уæхскыл, чысыл ма бахъæуа йæ бæхбæттæн асæтта.
Тутыр йæ бынаты фæхæбæцц. Æфсатийы дæр баурæдтой. Æмæ
раст уыцы уысм Хуыцау фестад, йæ болат лæдзæгæй ахæм цæф
æркодта уаты дзæнхъа астæрд æмæ дзы цæхæртæ скалд, галуан
ныррызт æмризæджы, зæдтæ фесхъиудтытæ кодтой æмæ дурдзæ-
фæй аззадысты. Æхсин дæр хæрдмæ фæхауд, стæй та йæ бынат-
мæ æрæнгом, фæлæ йæ цæсгом лæджы ’рдæм фæзылдта. Раст
уыцы уысм Сырдон бадти йæ хъусы фæлмæны алгъыл, цæмæй
хуыздæр уыдтаид зæдты хылтæ, æмæ ус куы фесхъиудта, уæд
рахауд. Хорз уыд уæддæр æмæ ус фæзылд Хуыцауы ’рдæм æмæ
уыйадыл йæ хъæбысмæ æрхауд, æндæра йæ зæнгæн æнæсæтгæ
нæ уыд. Æфсатийæн йæ цæстæмбæрзæн уадздзаг хæрдмæ слыгъд
æмæ ма йæ бæргæ раст кодта, фæлæ-иу ын куы уæлдæр фæци,
куы дæлдæр æмæ та-иу йæ къахт цæсты къуырф гомæй аззад.
Æрæджиау ма йæ тыххæй сраст кодта. Тутырæн йæ сырх боцъо
кæронæй райдыдта тымбыл кæнын æмæ фæстагмæ бынтондæр
стулатæ роцъойы рæбын.
— Сабыр!.. Кæд исчи æнæгъдау æмæ æвæтк у, уæд йæ хæдза-
ры бадæд! Ам йæхицæй ма хынджылæг кæнæд! Уаз Тутыр, иу
афæдзмæ дæ мæ галуаны нæ, мæ цæстæй дæр куыд нал фенон!
Ныр цæугæ уæ дауæнтæм æмæ уæ хъуыддаджы сæр æрлæуут!
Фæци! Цæугæ! — ныррыхыд йæ дзыхыдзаг Хуыцау æмæ йæ лæ-
дзæг бæрзонд систа.
150
Зæдтæ æмæ дауджытæ ныххæррæтт кодтой дуарыл раирвæ-
зынмæ æз раздæронæй. Сырдон дæр усы хъæбысæй рагæпп кодта
зæхмæ æмæ хъуыдыйыл фæци: кæдæм фæцæуон ныр æмæ куыд,
зæгъгæ. Цалынмæ афтæ лæууыд йæ бынаты, уæдмæ ма уаты аззад
иунæг зæронд Æфсати. Сырдон бацин кодта: цæй, уый мæ фæ-
хæсдзæн хъæды уонг, стæй уæд цæргæсы тахт акæндзынæн, —
æмæ сгæпп кодта Æфсатийы тинты кæрцы фæдджимæ.
Æфсати фæндагыл цыди Сафаимæ. Уæлбæх лæгтæ сабыргай
ныхас кодтой сæ царды хабæрттыл æмæ сæм Сырдон тынг не хъуыс-
та, йæ зæрдæ ахсайдта хæдзармæ, фæлæ уалынмæ йæ хъустыл
ауад Нарты кой æмæ Сырдон дæр фæхъил кодта йæ хъустæ.
— Уæллæй, тынг рæсугъд у, стæй фæлмæн! — йæ пух зачъеты
бынæй йæ былтæ нæ зынынц, фæлæ йæ Сырдон хаты — худгæ кæны.
— Ныууадз, дæ хорзæхæй, — дзуры йæм Æфсати, — æз мæхи
усæй дæр фæлмæст дæн. Айразмæ рынчыны ’фсон скодта æмæ
мын афтæ зæгъы, сырдты иууылдæр фæцæгъд, науæд мын фер-
вæзæн амал нал и!.. Ницыуал зыдтон мæ сæрæн æмæ йæ Уастыр-
джийæн рахъаст кодтон... Хуыздæр фод, уый мын бацамыдта,
сырдты æрæмбырд кæн иууылдæр æмæ сæ æз бафæрсдзынæн. Сæ
дзуаппæй бæрæг уыдзæн, цы кæнгæ дын у, уый. Æрæмбырд сæ
кодтон, уæдæ цы, æмæ сын Уастырджи афтæ зæгъы: мæрдтæ
фылдæр сты æви удыгæстæ?.. Дзурын райдыдтой, уæдæ цы, æмæ
сæ чи афтæ — мæрдтæ фылдæр сты, чи та — иннæрдæм. Фæлæ
цæмæн фылдæр сты иутæ дæр æмæ иннæтæ дæр, уый тыххæй
ничи ницы бавдыста. Æппынфæстагмæ æрбабырыд уæззау-уæзза-
уæй уызын æмæ афтæ зæгъы: мæрдтæ фылдæр сты, ай-айдæр!
Цæмæн, зæгъгæ, йæ бафарстой, æмæ уызын афтæ: уымæн æмæ
йæ усмæ чи хъусы лæг уæвгæйæ, уый дæр мæрдтыл нымад у! Цы
’мбарын мын æй хъуыд, ме ’рдæм кæй дзуры, æмæ фехситт код-
тон сырдтыл, атардтон сæ, уæдæ цы, æмæ сырдтæ дæр удæгасæй
баззадысты, ус дæр йæхи æгъдауæй сдзæбæх... Чи зоны, йын уыцы
зонд Уастырджи йæхæдæг бацамыдта, æз æм хъыг дæр фæдæн —
сырдты раз мæ схынджылæггаг кодта! — фæлæ раст загъта, æмæ
йын Уастырджи згъæр хæдон балæвар кодта... Гъе, æмæ, дæ фы-
дыстæн, цы кæныс уыцы нæртон Сатанайæ? Ныхъуытты йæ уадз!
Иу бæгъдулæг скæндзынæ йемæ æмæ уый циу? Уый тыххæй Нар-
ты тыхджын Уырызмæджы дæхимæ сфыдæх кæн, уый дæм цас
раст зыны? Мæ зондмæ кæд байхъусдзынæ, уæд ныууадз дæ фæнд.
Нæ хъæуы...
— Гъе, фосы хицау, ды, æнхъæл дæн, æцæг фæзæронд дæ,
Сатанайы хуызæн сылимæ ахъаз, уый дунейы хæзнаты аргъ у!
— Ныууадз дæ гæдыныхæстæ! — йæ къух ауыгъта Æфсати, —
151
цыма ме ’нæзонгæ сты! Ницы уæлдай сæ ис: цæугæдонæн фæнды
йæ иу фарсæй баназ, фæнды иннæ фарсæй!.. Ныууадз, ныууадз!
Хæтаг рахастай дæ гуырдзæй, уый мын зæгь, æндæр дæхи ма
рæстытæ кæн!..
— Нæй, фосы уæздан æлдар, æз уыцы хъуыддаг нæ ныууадз-
дзынæн. Рæхджы дæ цахъхъæн суыдзынæн æмæ мæ уæд йæхæ-
дæг ныууадздзæни, — фенкъард рагон сылваз Сафа, æмæ йæ ри-
хитæ адаудта, цыма æвиппайды азæронд, йæ рихитæ урс афæл-
дæхтой, уыйау æм фæкаст æмæ йæхицæн фæтæригъæд кодта.
— Бар дæхи. Æз дын мæ хъуыды загътон, — сабыр æм бадзырдта
Æфсати. — Ныр фæндараст фæу, æз ам нæхимæ здæхын.
Сырдон фæгæпп кодта Æфсатийы кæрцы фæдджийæ æмæ
Сафайы дысы алгъыл абадти. Сафа Æфсатийы къух фидар бал-
хъывта æмæ йын афтæ зæгъы:
— Тæрсгæ мын ма кæн, мæ лымæн, æз тæккæ абон Сатанаимæ
мæнæ ацы хæрынкъайыл сæрмæ-сæр фæхъаздзынæн хуыссæныл
æмæ стæй, чи зоны, ныууадзон мæ хъуыддаг... Уæдмæ — нæй! —
бахудти æмæ араст йæ фæндагыл.
Чысыл куы рауади, уæд æм Сырдон хъусы æмæ афтæ дзуры
хъæрæй:
— Зæронд хæрæджы мудрычъи, ды цы ’мбарыс усы хорзæн!
Сатана бæстыдзаг хæзна у йæхæдæг, йæ иу пъа дæр! Æмæ цы у
хæрынкъа та? Куырдалæгон мын æй лæвар радта: зæгъ, дам, мæ
разы мын физонæг авæр æмæ лæппу фестдзæн, дæ армы дын фи-
зонæджы хъæд фæсадздзæн! Æз физонæгцух никуы уыдтæн. Уадз
æмæ дзы Сатана йæхи ирхæфса...
Сырдонмæ уыцы ныхас хъыг æркаст: ацы цъыфхор цæмæн
афтæ æнхъæлы æмæ Сатана уыцы бибийыл йæ намыс дæр æмæ
йæ лæджы цæсгом дæр ауæй кæндзæн?! Æмæ йæ тынг æрфæн-
дыд, Сатана куы ратæрид ацы куыдзы! Цы уыдзæн, куыд уыдзæн,
уый базоныны охыл Сырдон нал рахызт Сафайы æккойæ, Æх-
сæртæггатæм куы ’рхæццæ сты, уæд дæр... Фæлæ ницы рауад йæ
фæндиагæй...
Сатана куы федта, хæрынкъа лæппу куыд фесты æмæ йын йæ
фæндон куыд рæвдз æххæст кæны, уæд нал фæлæууыд йæ зæрдæ
æмæ сразы... Сырдонæн йæ маст аскъуыд æмæ ратахт дуармæ,
цæмæй йæ худинаджы хабар йæхи цæстæй ма фена, фæлæ æрæ-
джиау æрхъуыды кодта: алæ-ма, кæддæра ацы æбуалгъ хабар мæ
зондджын хо Уырызмæгæй куыд æмбæхсдзæни? Уый изæры хæ-
дзармæ хъæуы æмæ йын цы зæгъдзæни мæ хингæнæг хо?
Фæбыхста Сырдон изæрмæ, æхсынчъы хуызы фæсдуар цъы-
лыныл фæбадт æмæ æнкъардæй Уырызмæджы æрцыдмæ æнхъæлмæ
152
каст. Æхсæвæрафон Уырызмæг æрцыд кæцæйдæр æмæ фæлла-
дæй йæ къæхтæ ныхсын кодта, стæй хæрд æмæ нозт æрдомдта.
Сатана йын æппæт дæр æрхаста æмæ уый йæхи дзæбæх куы фед-
та, уæд ын æркæйттæ кодта: афтæ æмæ афтæ — Сафа мын дисса-
джы хæрынкъа радта æмæ уый аргъмæ хуыссæны æриу стæм!..
Уырызмæг феррайау, фестад æвиппайды, фынг сфæлдæхта æмæ
нырдиаг кодта: «Фесæф ардыгæй, гацца!..» Сатана дзы мур дæр
нæ фæтарсти, цыма ницы ’рцыди, уыйау æм бадзырдта: «Уæгъды
рыхыс, цæф арсау, нæ лæг!..» Уырызмæг ноджы сабухта, фæлæ
стæй æрсабыр æмæ афтæ зæгъы: «Цы, уый зоныс?! Рагæй дæр
гацца уыдтæ æмæ гаццайæ баззадтæ! Ныр фесæф мæ хæдзарæй,
нæртон бæстыл дæ куыд никуыуал фенон! Цы ис нæ хæдзары
зынаргъдæр, уый ахæсс, æрмæст мæн ныууадз! Нал фæразын дæ
гацца митæй!» Сатана бахудти, стæй йæм дзуры: «Уырыз, цы-
фæнды мæсты кæд дæ, уæддæр ацал-ауал азы иумæ фæцардыс-
тæм æмæ мæ иугæр сурыс, уæд ма фæстаг хатт иумæ баназæм,
нæхи срасыг кæнæм æмæ стæй хорзæй баззай!..» Уырызмæг сра-
зы, уæдæ цы кодтаид... Нуазынтæ байдыдтой æмæ Сатана æврон-
гæй-æвронгдæр кæны, а Уырызмæгæн та йæ сæр ныууæззау, стæй
йын бынтондæр æрхауд, хæрды уæлдæйтты йæ нытъыста...
Сатана уый куы федта, уæд афтæ бакодта: «Ныр цæттæ у æмæ
йын а чызг равдисдзæн, йæ хæдзары зынаргъдæр цы ис, уый куыд
дæтгæйæ у!» Йæхæдæг феддæдуар æмæ Сырдоны зæрдæ бауын-
гæг: «Ацы хингæнæг ын мацы фыдбылыз сараза?..» Йæхи фехста
цъылынæй æмæ цалдæр гæппæн Уырызмæджы бецыккыл абадти.
Ныр мæнæ исты сфæнд кодта Сатана, уæд хъуамæ йæхи хуызы
бацыдаид æмæ йæ тугомынтæ фæкодтаид: мадызæнæг зынаргъ у,
æмæ кæд мæстытæ бирæ бавзæрста Уырызмæгæй, уæддæр дзы
ныр æрбайрох сты ууыл исты æрцæуыны тасæй...
Чысыл фæстæдæр Сатана æрбаздæхт хæдзармæ, Уырызмæджы
тыхæй-фыдæй йе ’ккой акодта æмæ рахызт дуармæ. Уым кæрты
дыууæ галы уæрдоны ифтыгъдæй лæууыдысты. Сатана Уырыз-
мæджы уæрдоны гуыффæйы кæрдæджы лыстæныл ныппæрста,
йæхæдæг бæрзонд рæфы бын галтæрæгæй æрбадт, ахъæр кодта
галтыл æмæ уæрдон араст Уæллаг хъæуæй быдыры ’рдæм. Фæ-
сæрдæгæхсæвмæ фæцыдысты, стæй Сатана йæхæдæг дæр рæдзæ-
мæдзæ байдыдта, галты æрурæдта æмæ Уырызмæджы фарсмæ
ныххуыссыд, ома нæ кæдæм ласой галтæ, уырдæм ласæнт!.. Гал-
тæ фæхызтысты иудзæвгар, стæй бафæлладысты æмæ уыдон дæр
сæ бынæтты ифтыгъдæй æрхуыссыдысты.
Сырдоныл æхсæв-бонмæ хуыссæг не ’рхæцыд — иæма зыдта, Са-
танамæ цы фæнд ис, уый. Фæлæ куы ’рбабон, хур куы скасти, уæд
153
Уырызмæг райхъал æмæ дыдзы фынæйæ афтæ бакодта: «Не ’фсин,
исты ма мын нозт фен, дысоны нозтæй мæ сæр тъæппытæ хауы...»
Сырдон афтæ фенхъæлдта, Уырызмæг ньптæдзæ кодта Сатанайæн
æмæ йæм уымæн афтæ дзуры. Уыйадыл æй фелгъыста: «Тъæппы-
тæ дзы фæхау, æцæг, худинаггæнæг!» Фæлæ уалынмæ Уырыз-
мæг йæ цæстæй ракаст, йæ уæлхъус Сатана ис, уый бамбæрста,
дысоны хабæрттæ йæ зæрдыл æрлæууыдысты æмæ схъæр кодта:
— Уый циу, дзæгъæлдзу?! Кæдæм мæ æрластай ай?!
— Цæуыл хъæр кæныс, мæ сæры хицау?.. Афтæ мын нæ загъ-
тай, нæ хæдзары хуыздæр цы ис, уый ахæсс æмæ фесæф арды-
гæй? Загътай! Æмæ дзы æз дæуæй хуыздæйраг ницы ссардтон.
Раластон дæ æмæ кæдæм цæуын, уый та мæхи хъуыддаг у!
Уырызмæг бамбæрста, хинæй та йыл разылд йе ’фсин, зондæй
йыл фæтых, æмæ бахудти...
Дарæнмæ здæхынæн нырма раджы уыд, æмæ ма Сырдон иу
бон баззад хъæуы. Изæрмæ фæзылд хуымтыл, куыд ничи йæ фед-
таид, афтæ, стæй схъыг æмæ сфæнд кодта Уырызмæг æмæ Сата-
найы абæрæг кæнын — кæддæра сæхи цы хуызы æвдисынц кæ-
рæдзийæн сæ хылы фæстæ. Сау зæрватыччы хуызы абадти уæлу-
вадыл æмæ æрныгъуылд. Сатана æмæ Уырызмæг хæдзары раз,
цыма æппындæр ницы æрцыди, уыйау сабыргай ныхас кодтой.
— Цы, уый зоныс, не ’фсин, лæппуйы мауал ардау æвзæр ми-
тыл. Фаг ын у, æддæ цыфæнды кæнæд, фæлæ нæртон зæххыл
уый армæй куыд ницыуал фыдбылыз æрцæуа. Æз ам хистæр дæн
æмæ мæ кæстæр адæмы хурхæй мара, уый никæй хъуыры ных-
хиздзæн.
— О, æмæ йын цы кæнон, дæ бындар фæуай, цы? Дзурын ын
æз дæр, фæлæ афтæ зæгъы: Бурæфæрныг, дам, æгæр схъæздыг,
йæ фæллойы цæсты акасти æмæ йын сæ чысыл хъуамæ фæкъад-
дæр кæнон...
— Фæрныг дарæг дзы мауал уæд, кæд æй уымæ цы Хуыцау
сардыдта! Æндæр хъæздыг никуыуал ис?! Уый нæ куы айхъуыса,
уæд ма нæртон адæммæ мæхи цы хуызы равдисдзынæн, и?! Æви
йæ нæ зоныс, Бурæфæрныг не ’рвад кæй у, нæ туг, не стæг, Нар-
ты бæстыл кæй цæры?!.
— Цæй, мæныл цы хъæртæ кæныс, æз ын нæ фæзæгъын æви?
Фæлæ афтæ зæгъы: æз, дам, ын йæ дзугтæ чынты бæлццæттæн
æрмæст амонгæ бакæндзынæн, тæргæ сæ уыдон акæндзысты. Стæй,
дам, уыдон сæрмæ æз та чынты фос ратæрдзынæн.
— Уæд уымæн ницы у, фæлæ афтæ ничи зæгъдзæн: Уырыз-
мæджы фæсивæдæй чынты абырджытæ Нарты фос тæрын куыд
уæндынц?..
154
— Чи йæ базондзæн? Стæй хохы дарæнмæ уæйгуытæ дæр ныб-
бырсын зонынц, мах та искæй фосхъахъхъæнæг не стæм. Цалын-
мæ уырдыгæй фæдис цæуа, уæдмæ сæ фæд дæр никуыуал фæзын-
дзæн, дæхæдæг нæ зоныс балцы хабæрттæ...
— Зонын сæ æмæ æз дæр ууыл дзурын: никуы уыд ахæм ха-
бар, æмæ Нарт сæхæдæг сæхицæй фос тыхæй исой! Æмбарыс?
Æниу цы ’мбарыс... Кæм ис, кæ, лæппу, кæд фæнд кæны, мæхæ-
дæг адзурон йемæ.
— Цафон ма дзурыс, уыдон ныр фæндагыл сты, сомизæр уым
уыдзысты, хохы дарæны æмæ ма йæ кæцæй ракъахон?
— Фыдбылызы хос мын фестут уæ дыууæ дæр æмæ ма мæ
сæрæн цы бакæнон, а? Цæй, ныр ма ныхасы та мæхи куыд равди-
сон?..
— Æмæ йæм цæмæ хауыс, мæнæ ныххуыс æмæ баулæф.
— Ехх-е-ей!.. Базæронд дæ, Уырызмæг, æмæ куы амæлис, уæд
хуыздæр у, — йæ ком айвæзта Уырызмæг æмæ сыстад.
Сырдон уæлувадыл бадт æмæ сцъыбар-цъыбур кодта, ома раст
зæгъыс, утæппæт худинаг уромынæй дæ мæлæт хуыздæр у! Уырыз-
мæг æй фæхатыд, скасти йæм йæ иу цæстæй æмæ афарста Сата-
найы:
— Ай та ма цавæр зырнæг у?
— Уæлæ зæрватыкк, цæй зырнæг дзы федтай? Дæ расыг цыма
не ’рцыд, нæ лæг, дæ цæстытæй рæстмæ нæма уыныс æмæ куы
баулæфис, — амоны æфсин.
Уырызмæг æм мæстыйæ бакаст æмæ сдзырдта:
— Раст зæгъыс, æвæдза, мæнæн фынæй афон у, мæрдвынæй
афон! — йæ лæдзæг къулыл банцой кодта æмæ хæдзармæ бахызт.
Сырдон фæтъæбæртт кодта æмæ йæ халагъуды сæрыл абадти.
9
Бирæ фæхъуыды кодта Сырдон, цы бакæна, куыд фервæзын
кæна Бурæфæрныджы фос æмæ фыййæутты тугмондаг дзæгъæл-
дзуты дзæмбытæй, ууыл. Зыдта йæ, Сослан кæм уа, уым æвыдæй
баззайæн нæй. Уый йæ удмидæгæй афтидæй нæ раздæхдзæн, хæс-
тыл куы ныллæууой Бурæфæрныг æмæ фыййæуттæ, уæд та сæ
цæгъдгæ фæкæндзысты. Лæбурджытæ цасфæнды уæнт, уæддæр
сын Сагсуримæ кæй ницы ауадздзæни, уый зыдта, фæлæ цы ба-
кæна Сосланæн?.. Мард куы фæуа, уæд Æхсæртæггатæ быныс-
къуыд скæндзысты фыййæутты дæр æмæ Бурæфæрныджы дæр.
Уый хъуамæ ма ’рцæуа...
155
Сатана, сом изæрæй уым уыдзысты, загъта, фæлæ цы бæрæг
и, мыййаг, ахсæв куы лæбурой, уæд та?.. Нæй, лæууæн мын нал
и, тæхгæ мын у хæхтæм. Афтæ сæ куы баййафой, уæд сæ фæ-
цæгъддзысты. Зæринæ... Усæй-лæгæй сæ сыскъуындзысты, куыд
ничи сæ базона. Сырдонæн йæ зæнгтæ бадон сты Зæринæйы кой-
мæ. Уый куы нал уа, уæд ма мæ удæгас цы у. Кæддæры тас та йæ
уæнгты ахъардта æмæ Сырдон бандзыгау, цыма хуссайраг калм
стæлфыди йæ роны, уыйау цавæрдæр их-уазалæй йæ уæнгтæ ри-
зын райдыдтой. Нæ, тæхын хъæуы, кæд ма мæ гæрзтæ кæм ныу-
уагътон, уыцы бынат базонин. Уæд та мæйрухс куы скæнид, уæд
нæ фæдзæгьæл уаин.
Мæйрухс скодта, фæлæ уæддæр Сырдон рæстмæ нæ хатыд
бæстывæрд. Рухсмæ бæстæ цыма йæ хуыз аивта, афтæ йæм каст,
æрмæст дарæн кæм уыд, уый рахатыд æмæ йæ сæрты иу-цалдæр
зылды æркодта. Бæстæ уыд сабыр, уæтæры арт дæр нал сыгъди
æмæ уæд йæ зæрдæ чысыл æрæнцой. Разылд фæстæмæ, хъæды
сæрты раленк кодта бæрзæндты æмæ хъавыди, йæ гæрзтæ кæм
ныууагъта, уыцы бынат базонынмæ, фæлæ йæ нæ ардта æмæ сфæнд
кодта хъæды кæрон, уæтæрмæ æввахс сбон кæнын. Фæлæ уыцы
хъуыдыйыл дæр фæдызæрдыг: кæд, мыййаг, искуы æввахс сты
балцы адæм, уæд сæм нал сарæхсдзынæн. Кæм сты, уый уæддæр
куы зонин... Уæд та ма иу фæлвæрд акæнин, чи зоны, искуы арт
скодтой, уæд сæ лæг базонид.
Сырдон ногæй бæрзонд стахт æмæ уæтæрæй Нартмæ фæнда-
джы сæрты рауагъта йæхи, хъæды джих фæлтæрмæ йæ цæст дар-
гæйæ. Дзæвгар радард и уæтæрæй, афтæ суыдта иу æрдузы арты
рухс. Йæхи йæм рауагъта уæлиауæй æмæ йæм куы æрæввахс,
уæд æвзарын райдыдта, арты фарсмæ къорд лæджы кæй бады,
уый. Чысыл дæрддзæф æрбадти бæласыл æмæ сæм, бæласæй-бæ-
ласмæ тæхгæ, йæхи æввахс байста. Иу бæрзонд назы цъуппæй та
бæлвырд федта, бады Сослан арты дзыхмæ æввахс иу кæлдымыл
æмæ цæуылдæр ныхас кæны йе ’мбæлттимæ.
Æрсабыр Сырдоны зæрдæ. Ахсæв дзы ницы фыдбылыз æр-
цæудзæн æмæ сом та мæ къухы сты. Ныр уæтæрмæ фæцæуын
хъæуы æмæ сын соммæ исты мадзал æрцæттæ чындæуыдзæн.
Иугæр мæ разæй нæ фесты, уæд сын æз æмæ Сагсур дæр фаг стæм...
Сырдон уыцы ’хсæв арвыста хъæды кæрон, уæтæрмæ æввахс.
Куы сбон, уæд йæ гæрзтæ агурæг раздæхт йæ фæд-фæд æмæ боны
рухсмæ уайтагъд базыдта йæ бæрджытæ, райста мæрайæ йæ гæрз-
тæ æмæ араст дарæнмæ. Иууылдæр сæ сæрæгасæй куы сæййæфта,
уæд йæ зæрдæ æрæнцой æмæ райдыдта йæхи цæттæ кæнын бæлц-
цæттыл фембæлынмæ.
156
Фыццаг бамбарын кодта Бурæфæрныгæн æмæ уый уайтагьд йæ
сæр æруагьта: «Туг мæ хæдзарыл æруарыд, цы ма кæндзыстæм?
Фæдис дæр ма лæг кæмæ адзура? Цалынмæ хъæумæ цæуон, уæдмæ
тыхгæнæг мæнмæ æнхъæлмæ кæсы, ам фæцæгъддзæн бинонты æмæ
фос йæ разæй атæлæт кæндзæн!..» Сырдон æй бауагъта йæхи бар:
уадз æмæ базона тасы тых, бамбара, фыййау куыд зын у, искæй
фæрныджы фосы бæрны бацæуын... Науæд æм æнцон кæсы, бирæ,
дам, сын фидын!.. Фæлæ рæстæг нæ уыд, Сырдон тарсти, мыййаг,
боныгон куы лæбурой, уæд сæ æдзæттæйæ куы ’рæййафой, — зæ-
гъын хъæуы иннæтæн, фыййæуттæн дæр, уæлдайдæр та Сагсурæн.
Æцæг, уый мæсты у æмæ хылмæ йæхи æппардзæни æмæ йыл афтæ-
мæй исты куы ’рцæуа?.. Сослан, Сослан у хъуыдиаг, æндæра иннæ-
ты Сагсур йæхæдæг дæр фæцæгъддзæни. Стæй цы бачындæуа 6и-
нонтæн та? Зæринæ, Бурæфæрныджы сабитæ, йæ ус... Уыдон ис-
куы бамбæхсын хъæуы æмæ кæм, куыд? Цас сты бæлццæттæ, уый
дæр бæрæг нæу, арты фарсмæ се ’ппæт, чи зоны, нæ бадтысты. Æх-
сæвыгон куы лæбурой, уæд сын фатæй хæцæн нæ уыдзæн æмæ нын
æнцондæр архайд уыдзысты, фæлæ боныгон куы фæлæбурой, уæд
нæм фатимæ архайын чи зоны, кæрдтæ æмæ сæм лæдзгуытæй уæл-
дай ницы ис? Дыууæйæ сын цы бакæндзыстæм, нæ зонын?..
Æрæджиау Сырдон ныллæууыд æндæр фæндыл: бинонты
фæссихор хъæды бамбæхсын, Бурæфæрныг дæр семæ, цæмæй ма
тæрсой. Фыййау лæппуты та уæтæры иу кæрон къæдзæхы рæбын
байбыны бауромын, ома хуыснæджытæ уæтæрмæ бырсдзысты,
фыййæутты халагъудмæ æмæ сæ уым куы баййафой, уæд сæ фæ-
цæгъддзысты, уадз æмæ сæ уым ма ссарой, уæд фæныфсджын
уыдзысты æмæ фос куы фæцæйтæрой, афтæ сыл Сырдон, Сагсур
æмæ фыййау лæппутæ сæхи ныццæвдзысты, стæй хъуыддаг йæ-
хæдæг йæхи амондзæн...
Бурæфæрныг сразы, иуæй тæрсгæ дæр кодта, хæсты куы фæ-
мард уа, уæд йæ быитæ дзæгъæл баззайдзысты... Фæлæ йæ би-
нонтæ сæрæгас куы уой, уæд та фæллой ссардзæни... Йæ зæрдæ
ма рысти йæ хистæр лæппуйыл, — уый фыййæуттимæ уыдзæн æмæ
йыл исты куы ’рцæуа. Фæлæ уый бавæрынæн ницы хос уыди:
сабитæ æмæ сылгоймæгтимæ лæппуйы ныууадзыныл Сырдон не
сразы, — уый ницы бакæндзæн тасы заман! — дыууæйæ баззайын
хъæды æмбæхстæй, уый та йæ сæрмæ не ’рхаста, уæд фыййæуттæ
та бынтон фæлидздзысты! Стæй лæппу йæхæдæг дæр тырныдта
хæсты быдырмæ, уый нырма йæ фыды хуызæн нымайаг нæ уыд,
йæ хъæбатырдзинад бавзарын æй фæндыд. Ай хорз хæстон уы-
дзæн, — анымадта Сырдон, — фæлæ йæм цæст дарын хъæудзæн,
æндæра йæ фырхъæбатырæй йæхи æрбайсафдзæн...
157
Сырдон йæ болат лæдзæг радта Сагсурæн, — уымæй иу цæф
кæуыл сæмбæла, уый нал сыстдзæн. Йæхимæ фат æмæ цирхъ,
фат æмæ цирхъ уыди Бурæфæрныджы лæппумæ дæр. Сырдон æй
фæлваргæ дæр акодта, æмæ хорз арæхст æхсынмæ. Иннæ лæппу-
тæм æрмæст лæдзджытæ æмæ цыбыр кæрдтæ. Бонæй сын стыр,
уæззау къобали лæдзджытæ ракæнын кодта æмæ ныр уыдонæй
хъуамæ архайой, æндæр сæм ницы фæци... Тарстысты фыййæут-
тæ, фæлæ раздæр тæрсгæ кæмæй кодтой, дызæрдыгæй кæмæ кас-
тысты, уыцы уæйыг Сагсурмæ ныр сæхи ласын райдыдтой, уый
ныфсæй чысыл æнцой уыд сæ уд. Сырдонæй сæ уыйбæрц ницы
ныфс уыди, йæ кой йын хъуыстой, хæстæн нæ бæззы, зæгъгæ,
тæрсаг æмæ æдых у, фæлæ йæм ныр ницы ардтой ахæм æууæл-
тæй æмæ сæ уымæй дæр чысыл ныфс уыди, стæй фат æмæ æрды-
нæй хæцын кæй зоны, уый дæр сæ уырныдта æмæ дыууæ лæджы
алыварс тымбылтæ кодтой, хурбоны уæрыччытау.
Бон-изæрмæ фенхъæлмæ кастысты, цыма сыл мард æрцыд, уыйау
ныхъхъус сты æмæ алчи йæ митæ кодта æнæсыбыртт. Изæрырдæм
Бурæфæрныг æмæ Сырдон акодтой бинонты хъæды халагъудмæ:
æрсытæй, дам, тас у фосмæ фæлæбурынæй æмæ сабитæ куы фæ-
тæрсой, — æрымысыд Сырдон. Æхсæвы йæ цæст ничи ацъынд код-
та, æрмæст куыйтæ зылдысты уæтæры алыварс æмæ-иу стæм хатт
тæрсæн рæйд скодтой. Фæлæ Фатакуй цыдæр фæхатыд, Сырдоны
цурæй æддæмæ нал акуымдта. Сырдон æй сырдта, фæлæ-иу уый
цæстмæ мийæн иучысыл æддæдæр ацыд, ома айрох уон, стæй та-иу
фæстæмæ, Сырдоны цурмæ йæхи байста. Сырдон æй фæхатыд æмæ
йæ нал асырдта. «Тæрсыс, цы, Урсдзых? Ма тæрс, ам дын нæ дæн
æви!.. — йæ хъæбысмæ йæ систа Сырдон æмæ æрбаймысыд, рагæй
йæ кæй нал барæвдыдта æмæ куыдзæн хъыг кæй у. Фефсæрмы
Сырдон æмæ дзы иуцъусдуг айрох æхсæвы тас, йæ мидбынат æр-
бадт æмæ куыдзимæ хъазыныл сбукъ. Фыййæуттæ уый куы фед-
той, уæд уыдон дæр сæ цурмæ бацыдысты æмæ сæ тас фæрогдæр.
— Сырдон, дæ куыдз дыл куы тых кæны, уæд ма цæй бæгъатыр
дæ! — бахудти сæ иу, бахудызмæл сты иннæты цæсгæмттæ дæр
æмæ Сырдон афæнд кодта: сæ тасы хъуыдыйæ сæ фæиппæрд хъæуы:
— Æмæ дæуыл нæ фæтых уыдзæн, æви? — фестад Сырдон
æмæ куыдзмæ фæсидт: — Фатакуй, хæц ыл, æрбынæй йæ кæн!
Фыййау ницы æнхъæл уыди. Фатакуй йыл йæхи ныццавта,
фыццаг ын лæдзæг ратыдта йæ къухæй, стæй йын февнæлдта йæ
роны аргъæвæгмæ. Иу цæсты ныкъуылдмæ кард йæ дзыхы аззад
æмæ иуæрдæм фехста йæхи. Фыййау ма цы акодтаид æмæ дурмæ
фæгуыбыр кæнон куыд загъта, афтæ Фатакуй йе ’ккой абадт æмæ
лæппу фæфæлдæхт.
158
— Фатакуй, хатыр! — фæхъæр кодта Сырдон æмæ куыдз йæ
фарсмæ балæууыд, йæ къæдзил тилы æмæ йæ хицаумæ хæрдмæ
скæс-скæс кæны, ома дзæбæх нæ ахъазыдтæн.
Сырдон худы, худынц иннæ фыййæуттæ дæр. Лæппу сыстад,
йæ дымджытæ ацагъта æмæ къæмдзæстыгæй йæхи раст кæны:
— Уый арс куы у, цъæх арс, куыд мæ æрфистæг кодта, уымæн
ницы базыдтон... Æуый дын куыдз, гъе! Абонæй фæстæмæ йын
мæ хайы æрдæг дæтдзынæн æхсæвæрыл, мæ фыдыстæн! — Фата-
куй бамбæрста, йæ хорзы кой кæй кæны, æмæ йæм йæхи баласта,
йæ къæдзил стылдта фидыды нысанæн. Фыййау ын йæ сæрыл йæ
арм æруагъта, ома фидыд, стæй йæ кард агурыныл сси.
Бон дзир-дзур кодта, афтæ хохы цъуппырдыгæй уæтæрмæ
æрцыди иу-дыууадæс барæджы. Сырдон уый æнхъæл нæ уыди
æмæ фæтыхст: барджытæн фистæг лæппуты æркъуыхтæ кæнын
цы хъæуы!.. Куы ’рхизиккой сæ бæхтæй, науæд сæфæм!
Уалынмæ барджытæ æцæг æрфистæг сты, æрмæст ма сæ иу
бæхыл дыууæрдæм кодта сабыр къахдзæфтæй. Уый Сослан у,
базыдта Сырдон, бадгæ та Уырызмæджы бæх Æрфæныл кæны.
Сырдон бацин кодта: Æрфæн сырдæй тæрсаг у! — Фатакуй! —
Фæдзырдта Сырдон йæ куыдзмæ. — Халагъудмæ, кæрц, кæрц! —
Сырдонæн фысдзармæй кæрцы бызгъуыр радта Бурæфæрныг æмæ
йæ устытæ уым ферох кодтой. Фатакуй фæтары уайтагъд. Уæдмæ
лæбурджытæ куыйтимæ схъуырдухæн сты, иутæ та дзы фыййæут-
ты халагъудмæ сæхи аппæрстой. Дуары раз æд цирхъытæ дыууæ
рæнхъæй алæууыдысты æмæ бахъæр кодтой:
— Æддæмæ ракæсут, уæ фос уын фæтардæуыд! Раст уыцы уысм
Фатакуй рагæпп кодта, кæрц йе ’ккой, афтæмæй æмæ давджытæ
фыртасæй ницыуал фæцарæхстысты, талынджы цы фæци, уый
уынгæ дæр нал акодтой.
Халагъуды фыййау зынæг куы нæ уыди, уæд сæ кæрдтæ сæ фæрс-
тыл æрцауыгътой æмæ кæлкæлгæнгæ бауадысты Сосланы цурмæ:
— Дæ Нарт тæрхъусты æмбæхст бакодтой!
Сослан йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта æмæ сын афтæ зæгъы,
йæ гæдыйы цæстытæй цæхæртæ калгæ:
— Уæ амонд у æмæ æцæг Нартыл нæ фембæлдыстут! Науæд
уæ карчы цъиуты цагъд фæкодтаиккой! Уыдон фыййæутты мыгга-
гæй сты, æххуырстытæ!
Сырдон уый куы федта, барджытæ фистæгæй фос уадзыныл
систы, уæд Бурæфæрныджы лæппуйæн афтæ:
— Мæнæ Фатакуимæ уайгæ æмæ бæхты далæ комы рæбын ба-
лæууын кæ. Фатакуй, цæугæ! Æрмæст уæхи хизут, фатæй уæ ма
бахсæд, бæхты аууон æмбæхсут!
159
— Лæппутæ, Сагсур! Гъеныр, гъе! Уæ хъару æмæ уæхæдæг!
Æввахс сæм бахъуызæм, ныр ницыуал æнхъæл сты æмæ уымæн
стыгуыр сты бæхджыны алыварс!.. Сыбыртт дзы нæй, цалынмæ
сæм лæдзæгæй цæвынмæ æрцæуæм, уæдмæ! Фатæй æхсæн сын
куыднæ уа! Цирхъ æмæ лæдзæгæй! — Хуыздæр гæнæн дзы ницы
ис, — цæугæ мæ фæдыл!..
Къæрныхтæ æцæг ницыуал æнхъæл уыдысты æмæ цалынмæ
Сырдон арсы богъ фæкодта, йæ фæлдæхт кæрц йæ уæлæ, афтæ-
мæй, уæдмæ ницы фæхатыдысты. Арсы богъмæ Æрфæн хæрдмæ
фæхаудта, йæ фæстæгтыл алæууыд æмæ йын барæг йæ ком куы
’рбайвæзта, уæд йæ бынаты ныззылд. Сослан хаугæ нæ ракодта,
фæлæ бæх куы ныззылд, уæд йæ чъылдым Сагсуры раз фæци
æмæ йæ уый Сырдоны болат лæдзæгæй ахæм хафт ныккодта æмæ
йæ зæлланг дард азæлыд. Сырдон ацахста уыцы зæлланг æмæ
фæдисы, фæлæ йæ уымæ не ’вдæлд. Иу цæф ма бафæрæзта Саг-
сур, стæй йын Сырдон йæ цонгыл фæхæцыд:
— Уый уадз — иннæты!
Æмæ райдыдтой цъыччытæ кæнын фыййауæй, бæлццонæй.
Сырдонмæ цæвæнгарз ницы фæци æмæ чысыл иуварс алæууыд,
ома дзы фатæй искæй бахсон. Фæлæ хылгæнджытæ схæццæ сты
æмæ дзы, чи кæцы у, уый зын равзарæн уыди. Кардимæ балæбу-
рын афæнд кодта Сырдон, фæлæ раст уыцы уысм йæ хъустыл
ауади фæдисы цъæхахст — уый хъæр кодтой, фыййæутты куыйти-
мæ цы къæрныхтæ архайдтой, уыдон. Æртæ лæппуйæ, цирхъытæ
сæ рахиз къухты, афтæмæй æрцæйтахтысты се ’мбæлттæн æххуыс-
мæ. Сырдон зыдта чынты ’взаг æмæ сын сæ хъæрæй бамбæрста,
се ’мбæлттæн ныфсытæ кæй æвæрынц: фæцæуæм, зæгъгæ! «Нал
фæцыдыстут, сау куыйтæ!» — мæстыйæ ахъуыды кодта Сырдон
æмæ йæ иу зæнгыл æрхауд. Къуыппыл куыд æртæхынц, уый йæм
ныллæгæй хорз зынди æмæ сæм æрдын фæцарæзта. — «Уæ тæ-
ригъæд уæхи!» Æртæ хатты фæцыд фаты ’хситт, æртæ лæппуйы,
цыма-иу сæ къах истæуыл скъуырдтой, уыйау асæрбихъуырæйттæ
кодтой æмæ сæм Сырдон кæсгæ дæр нал акодта, ома уыдон рухсаг
уæнт — лæг фæивгъуыйæн Сырдонæн ницы хуызы уыд.
Сырдон фæзылд, халагъудмæ æввахс чи хæцыд, уыдонмæ,
фæлæ ма дзы ауыдта æрмæст Сагсуры бæрзонд æндæрг. Уый ма
йæ лæдзæг фæхъил-фæхъил кодта, иннæтæй змæлæг нал уыд,
хъуысти ма æрмæст сæ хъæрзын, æлгъитын, æххуысмæ сидт.
— Сагсур! Цы фæдæ! — сдзырдта Сырдон, куы йæм баввахс,
уæд, æмæ йæ цирхъ роныл абаста. Нал дзы и хæст, фæци хыл,
фæлæ, æвæццæгæн, къæрныхтимæ фæрсæй-фæрстæм фæцагъды
сты фыййау лæппутæ дæр... Сырдоны зæрдæ айдзаг мæт æмæ
160
мастæй. Мæгуыр лæппутæ, сæ сæр æрхастой кæйдæр фосы тых-
хæй. Хорз уыди æмæ фысымы лæппу бæхтыл фæци, æндæра уый
дæр бабын уыдаид.
Ноджы фæрухсдæр æмæ Сырдон азылд зæххыл хауд лæгтыл, —
кæд ма дзы исчи фервæзид! Æхсæз лæппуйæ дыууæйæ ницыуал пай-
да уыд: цирхъытæ сын сæ сæрты кæхцытæ афастой... Иннæтæй
мæлæтдзаг цæф ничи уыди æмæ Сырдоны зæрдæ чысыл фæфидар:
кæд фервæзиккой!.. Уыдонимæ уыди, Бурæфæрныг цы лæппуйы
бафхæрдта, уый дæр. Сырдон æм куы ’ргуыбыр и, уæд æм тæригьæд-
даджы цæстытæй скасти æмæ йын афтæ зæгъы: «Фервæздзынæн ма,
Сырдон, мæ цонг мæ уæлæ нал и?» «Ма тæрс, ме ’фсымæр, ма тæрс,
ам дын нæ дæн, хосгæнæг куы дæн мæхæдæг, уæд дæ... «Мæлын
уадзын», — йæ цæст нæ бауарзта сдзурын Сырдонæн. Схæцыд цон-
гыл — йæ фæлмæн ын рæмбыныкъæдзæй чысыл раздæр цирхъы
бырынкъ ахауын кодта, туг фемæхст, фæлæ ныр банцад æмæ лæ-
джы хæцъæфтæ кусарты къубал лыггæнæнау сырхæй зындысты
дыууæ æнгуылдзы бæрц. Лыджы уындæй зæрдæ кæрзыдта, фæлæ
Сырдоны фæлтæрд цæст рахатыд, — цæф байгас уыдзæн, чи зоны,
цонг кусынæн нал бæзза, фæлæ лæппуйæн йæ удæн ницы тас у. Се
’ппæты дæр куы басгæрста, уæд сæ Сагсурæн бахæссын кодта хала-
гъудмæ, лыстæнмæ — уым се ’ппæт дæр иумæ цардысты. Лæбурджыты
Сагсур болат лæдзæгæй ныммур, ныцъцьæл кодга æмæ сæм Сырдоны
зæрдæ кæсын дæр нæ батардта, фæлæ йæ мæты сæр сси Сослан.
Сослан хуыссыд иуварс, уадзыгæй. Сырдон æм æргуыбыр кодта
æмæ йæ рафæлдæхта йæ чъылдымыл: ма амæла ацы куыдз, уæд
Бурæфæрныг быны сæфтыл ныллæууыди, стæй фыййæутты хи-
цæуттæ дæр, æз дæр дзы æвыдæй нæ баззайдзынæн. Æруындты-
тæ йæ кодта Сырдон æмæ цæф схъæрзыдта. «Удæгас у, фæлæ ам
куынæ амæлид... — батыхст Сырдон, — æцæг ыл дыууæ сау цæ-
фæй уæлдай ницы сæмбæлд, кæд фервæзид. Фæлæ Сагсуры цæ-
фæй зын фервæзæн у».
Дзæбæх æрæсгæрста Сырдон, ома йыл кæд цирхъы цæф дæр
ис, æмæ базыдта ног хабар — Сосланыл уыди болатæй конд хæрв!
Ахæм дзы нæма уыди никæуыл. Æвæццæгæн афтæ къæйных дæр
уымæн у — арц, фат æмæ йæ цирхъ ныхдзæф дæр нæ фæкæндзыс-
ты. Хорз уыди, æмæ мын мæ каис йæ лæдзæг балæвар кодта, дæ
цæрæнбон бирæ, Ардагъу! Ноджыдæр æрæсгæрста Сырдон æмæ
базыдта: чысыл гом сты æрмæст уæраджы кæхцытæ æмæ цæстæй
кæсæн хуынчъытæ, фæлæ уыдон мидæг фат нæ бахиздзæн, кæд
гагуытæм чысыл йæ бырынкъ баххæсса æмæ ахæм рæстдзæвин чи
разындзæн, стæй лæг иу ран кæм лæудзæн æмæ йæм ды та хъавгæ
кæнай, уый дæр æввахс ранæй...
11 Сырдоиы цæссыгтæ
161
Тæссаг тыхгæнæг у æмæ йæ фыдбылызтæн кæрон дæр нæ уы-
дзæн... Ныммарынæй хуыздæр ын бæргæ ницы хос ис, фæлæ йе
’фсымæры хъæбулмæ йæ арм чи исы! Æниу, чи зоны, рæдийын
æмæ йæ амарынæй хуыздæр ницы бакæнин. Нæй, уадз æмæ цæра,
ам мард куы ’рцæуа, уæд йæ цардæй йæ мæлæт ноджы фылдæр
фыдбылызтæм куы расайа — Уырызмæг туг агурдзæн Бурæфæр-
ныгæй дæр, Борæтæй, Фæсхъæуæй дæр, стæй мæнæн дæр хæцы-
нæй дарддæр ницыуал баззайдзæн, æмæ ме ’рвадæлтимæ куыд
хæцон, куыд сæ фæцæгъдон мæхи армæй, кæнæ сын мæхи куыд
амарын кæнон. Цæй, ацы хатт дæр та йын барст фод, кæд цы
агуры, уый æндæр искæй армæй ссарид... Йе зæххы фарн, рæх-
джы йын æй баййафын кæн!
Сырдон йæ фарсыл дарæн кардæй слыгтæ кодта згъæр хæрвы
æлхынцъытæ, раласта сæ зæнгойæ худмæ æмæ ноджы æрысгæрс-
та уадзыг Сосланы уæнгтæ, — саст разынди рахиз армы сгуыйы
стæг. Уымæй нæ амæлдзæн, кæд ын уæйыджы цæф батайа, уæд...
Фæлæ йæ хъæды бамбæхсын хъæуы, Бурæфæрныг æй куыднæ
базона. Сырдон йæ рус бахаста уадзыджы фындзмæ æмæ сыстад:
улæфы, ныр хъуамæ тагъд æрчъица.
Раст уыцы афон йæ уæлхъус балæууыд Æрфæн æмæ ныммыр-
мыр кодта. Сырдон фестад æмæ сдзырдта бæхмæ. Æрфæн Сырдо-
ныл рагæй ахуыр уыд æмæ йæм бацыд. Бæхыл æй хæссын хъæу-
дзæн хæдзармæ, хъæды сæ бамбæхсын хъæуы дыууæйы дæр.
Фæдзырдта Сагсурмæ æмæ йын афтæ:
— Ацы уадзыджы ма дæ хъæбысы сис æмæ йæ мæ фæдыл ра-
хæсс. Йæхæдæг Æрфæны идоныл ахæцыд, æфсæн хæрв йæ дæ-
ларм акодта кæрцы тыхтæй æмæ хъæды кæронмæ ныййивгъуыд-
той Сагсуримæ. Уым Сослан æрчъицыдта æмæ стæлфыди, стæй
йæ цæстæй ракаст. Сырдоны куы федта уæйыг лæппуимæ, уæд
йæ зæрдæ асаст, — адон мæ мардзысты, мæсты мæм сты сæ дыууæ
дæр!.. — йæ цæстытæ фæстæмæ бацъынд кодта, йæхи цæттæ дары,
мæлæтдзаг цæф ыл кæд сæмбæлдзæн, уымæ.
— Йæ къæхтæ йын бабæтт æмæ йæ цуры лæуу, тæлфын дæр
æй ма суадз! — цæхгæр загъта Сырдон Сагсурæн æмæ ацыд Бурæ-
фæрныджы лæппу æмæ Фатакуйы агурæг. Уыдонæн ницæмæй
тарсти, лæбурджытæ сæ бæхты иу лæджы ’вджид бакодтой æмæ
сын уый хъуамæ мацы фыдбылыз сарæзтаид, мах лæппуйæ рæвдз-
дæр нæ уыдаид æмæ йын Фатакуй йæхæдæг дæр фаг уыд, кæд æм
æввахс баирвæзти, уæд...
’ Лæппуйæн йæ галиу хъус лыг разынд, стæй йæ бæхбæттæны
стæг дæр. Чынты хæстонимæ кæрæдзийыл сæхи ныццавтой æд
цирхъытæ æмæ фыццаг лæппуйыл æруад цæф. Йæ амонд уыди
162
æмæ йæм дардæй æрбайвæзта йæхи уыцы чынтаг бæлццон, цир-
хъæн æм æрмæст йæ бырынкъ баирвæзт, дыккаг цæф та йæ къухы
нал бафтыд — Фатакуй йын йæ бæрзæй ацахста фæстейæ, тыхгæ-
нæг йæхи фесхъæл кодта, ома куыдзы аппарон ме ’ккойæ, æмæ
йын уыцы рæстæджы Бурфæрныджы лæппу цирхъæй йæ сæр
афаста фындзы тæккæ комкоммæ. Лæг куы ахауд, уæд ма йын йæ
къубал дæр ракодта, стæй йæ цирхъ дæр аппæрста æмæ йæхæдæг
кæуыныл фæци... Фатакуй бæхты комы балæууын кодта, стæй
æрбаздæхт æмæ лæппуйы уæлхъус йæ фæстæгтыл сбадти, ома ай
та цæуыл тъизы, туг дзы хæрз чысыл куы рацыди, уæд; науæд
хъусæй цы кæны, мæнæн дыууæ дæр лыг куы уаиккой, уæддæр
сыл не ’рмæт кæнин...
Сырдон сæ афтæмæй баййæфта мард лæджы цур. Сыстын код-
та лæппуйы, æруыдта йын йæ цæфтæ, ныфсытæ йын авæрдта æмæ
йæ фыййæутты халагъудмæ арвыста. Йæхæдæг Фатакуимæ бæх-
тæм ауади æмæ сæ иумæ æнцад-æнцой хизгæ куы федта, уæд загъ-
та, никуыдæм фæцæудзысты, стæй сæ æрцахсдзыстæм, æмæ араст
Бурæфæрныгмæ, хъæды халагъудмæ.
Бинонтæ иууылдæр, стырæй-чысылæй, æмбырдæй лæууыдыс-
ты халагъуды раз æмæ сæ уды джитæнтæ цыдысты, Бурæфæрныг
йæ усæн радзырдта хабар, уымæй йæ Зæринæ базыдта æмæ саби-
тæ та, хистæрты тыхстмæ кæсгæйæ, сдыгъуырццæг сты.
Сырдоны куы ауыдтой, уæд сцин кодтой, фæлæ иунæг цæмæн
у, иннæтæ цы баисты?.. Бурæфæрныг нал фæлæууыд æмæ афарс-
та, лæппу цы баци, зæгъгæ. Сырдон мæсты худт бакодта йæхими-
дæг æмæ Бурæфæрныджы иуварс акодта. Уымæн радзырдта ха-
бар, стæй баздæхт Зæринæмæ. «Фæцис нæ фыдæвзарæн, фæлæ
уал ам лæуут фысымы усимæ, сабитæ мæрдты куыднæ феной,
баныгæнæм уал сæ, стæй æз нæхимæ ауайдзынæн, фыййау лæп-
путæй дыууæ фæмард æмæ сын сæ хицæуттæн фехъусын кæнон...
Ды мацæмæй тæрс, — Фатакуй æмæ Сагсур ам сты, стæй фысым-
тæ дæр... Æз дæр иннæбон талынгтæм ам уыдзынæн...»
Рацыд Сырдон, Бурæфæрныгимæ бабæрæг кодтой фыййæут-
ты, бабæстытæ сын кодтой цыдæр хæцъилтæй сæ цæфтæ, æмæ
сын Сырдон баныфс æвæрдта: цæуын нæхимæ, хостæ рахæсдзы-
нæн æмæ уæ сдзæбæх кæндзынæн, тæрсгæ ма кæнут. Æнæуый та —
бæгъатыртæ стут æмæ бæгъатыртæ! Сырдоны æппæлæн ныхасмæ
чысыл барæвдз сты цæфтæ, фæлæ кæй цæуы, уый сын зын уыди,
æцæг, кæд сæхионтæй исчитæ æрцæуид, уый ныфс сæ бацыд æмæ
нал тарстысты — мæлын сæ кæд нæ бауадзиккой!..
Сырдон цæуыныл ныллæууыд. Бурæфæрныгæн загъта, цæмæй
мæрдты баныгæной Сагсуримæ, фыййау лæппутæй дарддæр. Уыдон
163
сæ хицæутты æрцыдмæ уадз, æрмæст сæ се ’мбæрц сыджыты ны-
вæрæнт æмæ сæ пыхсытæй æрæмбæрзæнт. Уæлдай ницы сдзырд-
та Бурæфæрныг. Уытæппæт тугкалдæй йæ зæрдæ фæхауд, йæ уонг
амард фыртасæй æмæ дзурынæн дæр нал уыд. Йæхимидæг тарст,
мыййаг та æндæр искуыцæй куы фæзыной тыхгæнджытæ, уæд
бынтон сæфты къахыл ныллæудзæни!.. Нæ йæ фæндыд Сырдоны
ацыд, ныртæккæ йæ фос йæ разæй куы акæнид æмæ Нарты уæзæ-
гыл куы сæмбæлид, уымæй хуыздæр æм ницы каст, фæлæ Сыр-
дон йæ ирвæзынгæнæг кæм уыди, уым æм уæлдай дзурын не суæн-
дыд. «Бар дæхи...»— загъта æмæ ныхъхъус.
Сырдон рацыд. Чысыл куы рауад фæндагыл, Бурæфæрныг
æй куы нал уыдта, уæд фæсвæд ахызт æмæ Сагсурмæ сфардæг.
Сослан хуыссыд æнæзмæлгæ. Ныр йæ цæстæй каст, дзурын йæ
бон уыд, фæлæ цы хъуамæ загътаид Сырдонæн? Хæрам ныхас æм
скодтаид, раздæрау, æмæ йæ бон зыдта: Сырдон мæсты у æмæ йæ
ныммардзæн, йæ бон фезмæлын дæр нæу æмæ йæм цы ныфсæй
дзура?.. Йæ марæг уæйыг кæй уыди, уый бамбæрста — Сырдоны
цæф мæнæн мæлдзыджы хæстæй тынгдæр рисгæ дæр нæ фæкод-
таид... Марын хъуыд куыдзы ныхасы хъæбæрыл, уæгьды байхъуыс-
тон мæ фыдмæ. Нæ йæ хъуыд уадзын удæгасæй, науæд иннæ цæст
та цæуылнæ скъахтон! Мæхи аххос у, гъеныр дзы ирвæзт уыдаин
æмæ æнцад-æнцой Фæрныджы фос мæхи бакодтаин... Ныр мын
ацы куыйтæ мæ худинаг ныхъхъæр кæндзысты: Сослан балæбурдта
Нартæн сæхи фосмæ, чынтæй давджытæ æркодта, æмæ сæ Сыр-
дон æмæ Бурæфæрныджы дæлæсин фæцагътой... Æй, додой, гъе!
Цымæ ме ’мбæлттæй ничиуал баззад, науæд Бурæфæрныг æмæ
йæ фыййæуттæ нæ фæцагъды сты? Мæ хъуыдыйæ дзы ничиуал
баззад... Цыдæр арсы богъ мыл фæцыд, Æрфæн сæрра, стæй мыл
арвы цæф сæмбæлд æмæ дуне баталынг... Ницыуал дзы мæ зæр-
дыл лæууы... Тынг фæнды Сосланы бафæрсын, фæлæ Сырдоны
тызмæг æмæ тар цæсгом уыны, сдзурын æм нæ уæнды.
Сырдон æфсæн хæрвы хæйттæ кæрцы батыхта æмæ сæ Æр-
фæны фæсарц бабаста. Стæй Сосланы йæ дзаумæтты скъуыдты
сфæлыста æмæ йæ Сагсуры æххуысæй бæхмæ сæргъæвта. Йæ
къæхтæ йын иу æхтонджы гæрзæй бæхы дæлгуыбын кæрæдзимæ
фидар бабаста æмæ йын афтæ зæгъы:
— Дæ куыдзы къухæй саргъы гоппыл хæц æмæ ма рахауай,
науæд дæ ам бæласыл бастæй бирæгътæн холыйæн ныууадздзы-
нæн, хæрæг цыдæр!..
Сослан ницы сдзырдта, ныртæккæ йæм æнцад лæууынæй хуыз-
дæр ницы касти — мæсты лæджы уæлдай стауын нал хъæуы, арт
куы схъауай, цырендæр кæны... Сырдон Сосланы æрдын йе ’ккой
164
баппæрста, цирхъ æмæ фатдон йæ роныл æрбаста, Æрфæны идо-
ныл ахæцыд æмæ араст æнæдзургæйæ. Цалдæр къахдзæфы куы
акодта, уæд фæстæмæ фæкаст:
— Сагсур, хатыр бакæн, мæстджын дæн æмæ мæм дзурын нал
цæуы... Ды уæтæрмæ ацу, фысыммæ фæкæс, æз дæр дыууæ бон-
мæ зындзынæн. Æркæс хъуыддæгтæм, дæ цæст фæдар фосмæ,
стæй адæммæ дæр.
Рацыд Сырдон хъæды фæндагыл... Рæсугъд бон у, хъæды са-
быр æмæ сатæджы цæуынæй лæг нæ фæлмæцы, ноджы зарынц
æвæлмон мæргътæ, фæлæ сæм Сырдон нæ хъусы, кæд дзы алкæй
дæр зоны, алкæмæн дæр зæгъид рæвдауæн ныхас, уæддæр абон
йæ зæрдæ маст æмæ мæтæй тыппыр у, йæ дзурæн дзых æхгæд у.
Цæуы, тындзы Сырдон, Æрфæн йæ фæдыл тыххæй фæразы.
Тындзы, фæстæмæ кæсгæ дæр нæ кæны. Йæ развæд дæр аивæй цы
хаты, æндæр ницы уыны, — йæ хъуыды ныдздзæгъæл æндæр кæм-
дæр. Куыд ма цардæуа ацы дунейыл? Иууыл тыхы сæрыл хæст
сты адæмæй, зæдæй, дуагæй. Кæимæ дзы цæра лæг? Фосджын
уай — бырсынц дæм, зондджын уай, сæ карды ком дæм хæссынц
æмæ дæм æртхъирæн кæнынц, æнцад лæуу, дæ дзыхыл хæц, æн-
дæра дын де ’взаг ныллыг кæндзыстæм, дæ дзых бахуыйдзыстæм:
тыхджыныл дæр хуыздæр бон нæй — абон уый æргæвды кæйдæр,
сом уымæй тыхджындæр фæзындзæн æмæ уымæн йæхи æргæв-
ды! Ацу æмæ цæр ахæм дуджы, ахæм фæткыл, ахæм адæмимæ!
Æмæ цы бачындæуа, уымæн ницы бæрæг ахсы зонд... Зæрдæ дзы
фæхауд, фæлæ цы хуыздæр фæтк æмæ æгъдау æрæвæрдæуа, стæй
йæ чи æрæвæра, уый бæрæг нæй æмæ фæрсгæ дæр кæй кæныс?
Сæ Хуыцау дæр уыцы зондæй архайы, сæ хистæр дæр афтæ, зонд-
джынæй-æдылыйæ иу фыдвæткыл хæст сты æмæ дзы кæмæ бадзу-
ра лæг йæ тыхсты заманы?.. Кæд ма искуыдæм хъæдмæ фæлвдза
лæг æмæ уым иунæгæй сырдтимæ цæра!.. Æмæ сырдтæм дæр хуыз-
дæр ницы фендзынæ... Иунæгæй хъæугæрон цæр, мæнау, дæ хуы-
мы гæппæлтæ змæнт, къуыртт уадз æмæ сæ хæсс дæ лæппынты,
уый дæр цасы фаг цард у? Стæй дæ чи уадзы? Мæнæ афæдзы
æрдæг дæр нæма цæрын мæхицæн хъодыгондæй, фæлæ æнцой нæй
адæмы фыдвæткæй, сæ фыдбылызтæй, сæ мæт, сæ мастæй. Хыл
æрцæуы æмæ та дзы мæныл дæр иргъæвæггаг сæмбæлы! Уый дын
иунæджы царды хæрзиуæг дæр! Бынтон сæ схицæн у, уымæн дæр
цы фадат и, стæй уый дæр хуыздæр уыдзæн, цы бæрæг и?.. Фæлæ
бафæлварын хъæудзæн, æндæр ницы мæ сæрæн зонын. Æвæццæ-
гæн, афтæ бакæнын хъæудзæн — хъуамæ рахицæн уон се ’ппæтæй
дæр — мыггагæй, æрвадæй, зæдæй, дуагæй, алчидæр йæхицæн цæ-
рæд! Зонын æй, хорз нæу, адæмы фыдвæтк уын æмæ йæм дардæй
165
кæс, иргъæвæггагæй дыл исты куы сæмбæла, уымæй тæрс! Уый
цæй цард у, фæлæ мын чи бацамондзæн хуыздæр фæнд, царды
хуыдзæр фæтк?.. Кæм ис, чи йæ зоны, æмæ йæ кæд зоны, уæд æй
цæуылнæ кæны, науæд æй адæмы рæгьмæ цæуылнæ хæссы?! Æви
уый мæ хуызæн æдылыты хай фæкодта сфæлдисæг? Æмæ æз цы
кодтон, ме ’ккоймæ цæмæн æргъæвы сфæлдисæг дæр царды хъизæ-
мар, царды æнæрастдзинады уæз? Мæ бон æй хæссын у? Æви та
æдылыйы фæндаггаг сфæлдисæг дæр раздæр хæры?..
Цыфæнды кæнæнт, æз абонæй фæстæмæ се ’мдзæхдон нал
дæн — нал мæ хъæуынц сæ зонд дæр, се ’дылы дæр, сæ тыхджын
дæр, сæ хъæздыг дæр! Æз мæхицæн мæгуырæй цæрдзынæн æмæ
мæгуырæй амæлдзынæн мæ адзалы бон!.. Фаг мын у, нырмæ цы
маст бахордтон, уый дæр! Нал, нал, нал! Уæртæ хъæдрæбын иунæ-
гæй цæрын, цыфæнды кæнæнт. Бурæфæрныджы хъæздыг дæр,
Æхсæртæггатæ дæр, Борæтæ дæр, Алæгатæ дæр! Кæй кæм хæра,
уым ныхдзæни!.. Мæ халагъудмæ ничи бабæлдзæн — нæдæр тых-
джынтæй, нæдæр хъæздыджытæй, нæдæр мæгуыртæй æмæ æдых-
тæй. Мæ цард алкæй бон дæр у. Кæд æм исчи бабæлла, уæд мæ
цард фæкæнæд, хуыздæр ма фецæд!
Нæ, абонæй фæстæмæ сæм æз ницы бар дарын, мацы дæр мæн
истæуыл бадомæнт! Хорзæй баззайæнт се ’ппæт дæр, сæ хæрам
дуне дæр æмæ сæхæдæг дæр, æд фæтк æмæ æд æгъдау, сæ зонд
æмæ се ’дылыимæ! Æз сæ ницыуал бахъыгдардзынæн, æрмæст
мын мæхи ныууадзæнт!.. Фæцис, ныууадзæнт мæ!
Æрфæн ныллæууыд æмæ йын Сырдон йæ идон райвæзта, фæлæ
уый йæ бынатæй нæ феккуырст. Сырдон фæстæмæ фæкаст æмæ
йæ зæрдæ бауынгæг: бæхæн йæ хиды тæф кæлы, йæ тæнтæ фæн-
дырдзæгъдæгау кæнынц. Цæй мæрды рох мыл бафтыди, райсо-
мæй нырмæ йын дон дæр куы нæ бадардтон, мизын дæр æй куы
нæ бауагътон...
Æрлæууыд Сырдон æмæ бæхæн йæ ных æрлæгъзытæ кодта,
йæ къæбæлтæ йын йæ дзыхæй рафтыдта æмæ йæ суагъта, Сослан-
мæ кæсгæ дæр не скодта. Уый фырфæлладæй æмæ лæмæгъæй
дзойтæ кодта. Бæх æй куы суыгъта, уæд йæ хъæлæсæй туг дæр
сæппæрста, фæлæ йæ Сырдон нæ базыдта. Дзæбæх æрталынг,
фæлæ фæндаджы бæрджытæ Сырдон хорз хъуыды кодта æмæ йæ
рахатыд, — бирæ сæ нал хъæуы хъæды кæронмæ, быдыры райдиан-
мæ, дæлæ ма иу адагыл ахиздзысты, стæй хъæд фæуыдзæн æмæ
дардæй разындзысты нæртон хъæутæ. Æрфæн фæмызта, чысыл
йæ фæллад ссыд, цалдæр комдзаджы кæрдæг дæр сыскъуыдта,
фæлæ йæ дзæбæх рахизын Сырдон нæ бауагъта: «Цом, Æрфæн,
цом. Дæлæ дын ададжы дон бадардзынæн, стæй быдырмæ куы
166
ахизæм, уæд нæ нысан зындзæн æмæ дæ фæллад айсæфдзæн...»
Дыккаг кæркуасæнтæй ахызт, афтæ Сырдон бахоста Уырыз-
мæджы дуар. Уырызмæг æрæджиау ракаст дуарæй айдагъ хæла-
фы, йæ хъуынджын риу ныхгæйæ.
— Кæцы дæ, лæг дæ æви æнæзæгъинаг, стæй дæ цы хъæуы
ацы æмæхсæвæджы? Боны сцъæхмæ фæлæууæн нал уыди æви?
Искæй дуæрттæ цы сæттыс?
Мæсты ныхас кодта Уырызмæг, фæлæ йæ Сырдон хъуыды
дæр не ’ркодта:
— Мæнæ уын уæ марæн кард, уæ мастисæн цирхъ цъулатæ æмæ
къæртхаудæй, зылынтæ æмæ тæстытæй æрбахастон. Бузныг зæгъут,
удæгас уын кæй баззад, фæлæ йын цъæх нæ хæссы — фыдбылыз
агуры æмæ йæ ссардзæн. Зæгъ ын ноджыдæр йæ мадæн æмæ йæ
фыдбылызыл мауал ардауæд! — тызмæг æмæ мæстджынæй ны-
майы Сырдон. — Дæуæн та худинаг уæд, ме ’фсымæр, зондæй цух
нæ дæ, афтæмæй сæнтдзæф митыл ардауыс дæ фæсивæды. Ныр-
мæ Æхсæртæггатæ сæ сæр уымæй бæрзонд хастой, мах нæртон
зæххыл цъиу атæхын нæ уадзæм, нæртон адæмы фарн хъахъхъæ-
нæг стæм! Ныр дæ фæсивæд Нарты адæмæн сæхи муртæ давынмæ
багуыбыр сты! Уырны мæ, дæ зонд дзы нæ уыдаид, фæлæ дæ
хæдзары фæткæвæрæг ды дæ æмæ йæм æркæс! Хуыздæр ахъуы-
ды кæн дæ хъуыддæгтыл, дæ цардыл. Дæ боцъо мусы уисойæ даргь-
дæр у æмæ дзы æфсæрмы хъæуы!.. Хæрзæхсæв рау! Мæнæ Æр-
фæн фæллад у, аралас-балас æй кæн, стæй йæ хизынмæ ауадз...
Комы аргъ хайуан у æмæ йæ алы джидзæггаг сабитæн балцы ма
дæтт, адæм æй дæ бæхæй зонынц æмæ йæ исты чъизи хъуыдда-
джы куы фендæуа, уæд æй дæуæй æнхъæл уыдзысты... Цæй, ныдж-
джих у, боны уыгау! Айс идон æмæ хæрзæхсæв, мæн не ’вдæлы,
дарæнмæ фæстæмæ здæхын.
Сырдон идоны рохтæ Уырызмæджы къухы баппæрста æмæ
фæстæмæ фездæхт. Уырызмæг сагъдауæй баззад, афтæ йæм каст,
цыма идоны рохы бæсты йæ армы дзыхъхъы здыхтытæ калм ис
æмæ йæ аппарын йæ бон нæ цæуы...
10
Аздæхт та Сырдон уæтæрмæ. Ацыдысты йемæ, мард чи фæци,
уыцы фыййæутты хицæуттæ дæр. Фæмаст кодтой æмæ ахастой сæ
мæрдты. Чынтæй тых кæнынмæ чи ’рцыд, удон ингæнтæ иудзæв-
гар бæрæг дардтой, стæй сын сæ уæлæнгай сыджыт къæвдайы дон
фæласта, кæрдæджы æмвæз систы. Уæтæры цард уыцы бабырс-
тæй фæстæмæ нынкъард æмæ ныссабыр. Цæф фыййæутты иу-цас-
167
дæр рæстæгмæ Сырдон сдзæбæх кодта æмæ та фосы фæдыл цы-
дысты, фæлæ ныр тарстысты ног ныббырстæй æмæ сæ зæр-
дæйы цыдæр æрхæндæг, сау мигъау, ныббадти, се ’мбæлтты хъыс-
мæт сæ нæ рох кодта. Æцæг, ныр æркуырдтой Сырдонæй, цæмæй
сæ фатæй æхсын сахуыр кæна, цирхъимæ архайын, стæй Бурæ-
фæрныгæй та домдтой куыйты мыггаг хъыхъхъагдæрæй раивын.
Сæ куыст ныууадзыны фæнд сæ никæмæ æрцыди, фæлæ базыд-
той, фыййауы цард дæр тыхы бын кæй ис.
Сырдон сæ барæвдыдта ацы сæрд, æфхæрын кæй нæ бауагъта
се ’мбæлттæй иуы фысымæн, уымæй дзы уæлдай бузныг уыдысты
æмæ йын лæгьстæ кодтой, зæгъгæ, фидæнмæ дæр немæ рацу, стæй
азымæджы быдыры дарæнтæм, фæлæ Сырдон не сразы. Уый тых-
хæй йæм Бурæфæрныг дæр фæхатыди, дывæр мызд дæр ын ба-
ныфс æвæрдта, фæлæ Сырдон фидарæй загъта — нæй! Æрмæст
бацамыдта Бурæфæрныгæн — дæ кæстæр хо чындзыцыд нæма у
æмæ Сагсурæн уый рауæлдай кæн: хорз лæппу у, тыхджын æмæ
ныфсджын, дæ фосмæ дын хуыздæр ничи фæкæсдзæн, стæй йын
дзы иудзæвгар бахай кæн, уæд сæм йæхи фосау кæсдзæн æмæ дзы
сæныччы хъус дæр нæ фæхъæудзæн. Бурæфæрныгæн уыцы фæнд
йæ зæрдæмæ фæцыд, æцæг ын йæ хойы раттыныл нæ разы кодта,
фæлæ йæ Сырдон пайдайы нымадæй басаста æмæ уæд фосæй дæр
нæртон хай бакодта Сагсурæн. Уæдæй фæстæмæ, æцæгдæр, йæ
фос дывæр баисты, йæ зæрдæ та æнцой ссардта. Æхсызгон уыд
уый Сырдонæн дæр: йе ’мбал цардыл фæхæст æмæ искуы искæи-
мæ хылы нал ссардзæн æнæхъуаджы мæлæт.
Уæтæры бирæ нал фесты. Дыууæ къурийы фæстæ фос хъæуты
’рдæм расцой кодтой æмæ иу-цалдæр бонмæ æрхæццæ сты быдыр-
мæ, нæртон хъæутæ дзæбæх кæдæм разындысты, ахæм ранмæ.
Уым сын Сырдон загъта, мæнæн ам лæууæн нал ис, ницæмæнуал
уæ хъæуы мæ сæр, æз ацæуон æмæ мæ хуымы гæппæлтæ бафс-
найон. Рацыдысты Сырдон æмæ Бурæфæрныг æд бинонтæ, фос
фыййæутты бар ныууагътой, Сагсуры ныфсæй.
Сырдон бафснайдта йæ хуымтæ, иучысыл ма хос дæр ракарс-
та, стæй, Бурæфæрныджы фос хъæумæ куы ’рхæццæ сты, уæд
рахицæн кодта йæ муртæ, æмæ сын йæ хæдзары цур иу скъæт
сарæзта. Загъта йæхинымæр: гъеныр рахицæн дæн бынтондæр
адæмы маст æмæ мæтæй, сæ хинтæ æмæ сæ кæлæнтæй: иунæгæй
цæрдзынæн, ничиуал мын ницы хъом у!.. Фæлæ уыцы фæззæг
уый йæ къухты нæ бафтыд...
Зымæг æрæввахс. Хуымтæ сафтид сты. Хъæд сбæгънæг æмæ
бæрзонд рæгътæ миты гæбынатæй урс кæнын райдыдтой. Алæга-
тæм цыдæр дзуары бон уыди, æмæ Зæринæ сфæнд кодта уыцы
168
бон йæ мыггагимæ арвитын. Уыцы бон Алæгатæ лæгæй, усæй,
сывæллонæй Сæйраг кувæджы хæдзармæ æмбырдтæ кодтой, кæмæ
цы хуыздæр хæринаг æмæ нуазинаг уыд, уый йæм хаста æмæ уым
куывтой, хордтой, нозтой, хъазыдысты. Зæринæ чысылæй фæс-
тæмæ уарзта уыцы бæрæгбон, хъæлдзæг-иу уыди æцæгдæр. Фе-
рох-иу сты æрвылбоны чысыл мæстытæ æмæ хъыгтæ. Алчи йæ
зæрдæ, йæ дарæсы æмæ йæ хæрд-нозты хорз равдисынмæ тыр-
ныдта. Куывтой сæ хуыцæуттæн зæрдиагæй — æргом иумиаг ны-
хæстæ кодтой, фæлæ сæ алчидæр йæ мид-зæрды Уазайы цъупмæ
æрвыста йæ фæндиæгтæ æмæ йæ хъæстытæ. Алкæй дæр фæндыд,
куы сæххæст уаиккой йæ фæндиæгтæ æмæ йæ хъуыдыйы дæр
никæмæн уыд, йæ фæнды сæххæстæй æндæр искæмæн йæ хуыз-
дæр фæндиаджы фесæфт кæй уыдзæн... Алчидæр æнхъæл уыди,
бæрзондыл бадæг уый куывдмæ æрыхъусдзæн æмæ йын афоныл
сифтонг кæндзæн йæ хъуыддæгтæ, йæ зæрдæйы бынæй йæм цы
лæгъстæ æрвиты, уый... Гъе æмæ хъæлдзæг уыдысты ахæм бон
Алæгатæ се ’ппæт дæр, иумиаг амонды бон сæм каст уыцы куывд.
Нæ фæндыд Сырдоны уыцы бæрæгбонмæ цæуын, фæлæ йын
Зæринæйы хъыг райсæн дæр нæ уыд. Бирæ ’фсæнттæ фæкодта —
ды ацу дæхæдæг, æз мæ сæрæн нæ дæн, стæй Алæгатæ иууыл уым
уыдзысты æмæ дзы æз сиахсы хуызы схъила уон, уый дæр мæм
хорз нæ кæсы, æфсæрмы кæнын... Ницы рауад йе ’фсæнттæй æмæ
иу хуыцаубон фæсаходæн араст сты Сырдон æмæ Зæринæ æд ку-
винæгтæ Сæйраг Кувæджы стыр хæдзармæ. Кувæг йæхæдæг уый
дауæн хуыдта, мыггаджы дауæн, фæлæ йын йæхи дауæджы но-
мæй ничима хуыдта, кæд æй тынг фæндыд, уæддæр Хуагомæй
баззад, ома дзырдарæхст лæг, æмæ дзурынмæ, æцæг, дæсны уыди,
уæлдайдæр кувынмæ.
Кувæн хæдзары раз Сырдон иннæ лæгтимæ Алафарны ауыдта
æмæ йæм йæхи хæстæг баласта, Зæринæ йæ кувинæгтæ ахаста
мидæмæ, хъуамæ Хуагом алкæй армыдзагæй дæр скуывтаид — афтæ
уыд æгъдау. Алафарнимæ кæрæдзийыл бацинтæ кодтой. Рагæй
нал фембæлдысты, фæззæджы куыстытæ сыл бафтыдысты æмæ
сын сæ астæу сраст кæныны фадат дæр нæ уыд. Алафарн æй чын-
ты æрбабырстæй дæр рагæй фæрсинаг уыди, фæлæ йыл никуы
фæхæст бæстон ныхасмæ. Ныр ын Сырдон райдыдта дзурын, фæлæ
сæм Ардагъу æрбараст, Зæринæ йæ дæларм бацыд, афтæмæй.
Сырдон йæ ныхас ныууагъта, уыйонг дзуринаг нæ уыди йæ хабар,
стæй Ардагъуйæ дæр æфсæрмы кодта, истæмæйты йæ афæрстытæ
хъуыди.
Чысыл фæстæдæр сæм æрбадзырдтой, зæгъгæ, фынгтыл æр-
бадын афон у æмæ сæ ныхас ахицæн. Сырдон дæр иннæ лæгтимæ
169
мидæмæ бацыд æмæ хъуамæ Алафарнæй фæхицæн уыдаид, цæ-
мæй дæлейау искуы кæронæй сбадтаид, фæлæ йæ уый нæ ауагъта:
бад мæ цуры, Уырызмæг ам куы уаид, уæд фынджы сæр бадид,
Хуагом хистæр кæй у, уый хъуыды дæр не ’ркæнид — æз, дам,
Æхсæртæггатæй дæн!.. Æмæ ды та йе ’фсымæр дæ, кæронæй нæу
дæ бынат!..
Сырдон йæ мидбылты бахудт, хъуамæ йæм бадзырдтаид, ома
æз Уырызмæг нæ дæн, стæй фынджы сæр бадынмæ дæр нæ б’^л-
лын, сæрнизæй дарддæр ницы у, зæгъгæ, фæлæ ныхас дардмæ
цыд. Сырдоны та ныртæккæ фæндыд иу хъуыддаг — адæммæ
фæрсырдыгæй кæсын, сæ митæ сын уынын, сæ хъæлдзæг уæгъди-
дон радзур-бадзурмæ хъусын. Фыццаг хатт уыди Сырдон ацы куыв-
ды æмæ дзы алцыдæр куы фенид æмæ куы бадарид йæ зæрдыл,
уый йæ фæндыд. Сразы Алафарны дзырдыл æмæ æрбадт йæ фарс-
мæ. Ныр адæмыл йæ цæст нал æххæст, — лæгтæн ма æрмæст сæ
иу хай уыдта, сылгоймæгтæм та чъылдымыздæхтæй бадт, фæлæ
уый хыгъд сæргуыбырæй æмæ цымыдисæй хъуыста сæ ныхасмæ...
Ницы дзы уыди диссагæй — æрвылбоны цинтæ æмæ мæстытæ
дзырдтой кæрæдзийæн. Чи йæ сабийæ æппæлыд, чи йæ лæджы
уæзданæй; чи та хъаст кодта, зæгъгæ, хъуг æнæ йæ род æхсыр нæ
уадзы æмæ дзы уæд цы пайда ис!.. Худтысты, æппæлыдысты, бар-
джыны бустæ кодтой... Уый устытæ, уыдон хæдзаргæнæг сты
æнусты дæргъы, фыдæлтæй сын баззад уыцы фарн, фæлæ лæг-
тæн дæр абон нæ уыд сæ ныхасы нæдæр æртхъирæн, нæдæр ис-
кæмæ тыхæй ныббырсыны фæндиаг. Æцæг, иуæй-иутæ кодтой сæ
кæрдты хорзы кой, фæлæ уый дæр хуымæтæджы æппæлæн ныхас
уыд. Уæдæ цы кæна нæртон лæг, дæ хорзæхæй, цæмæй раппæла,
уый йын хъуамæ ма уа, йæ кард сурæй кæй дасы, уый дæр ма
рахæсса адæмы рæгъмæ?!
Сырдон хъуыста æмæ йæ зæрдæ куыддæр ныууæззау, йæ хъуы-
ды адзæгъæл рагон сагъæсты фæндагыл. Уый намадта йæхины-
мæр: раст зæгъгæйæ, адæймаджы хæрз чысыл хъæуы зæрдæвæн-
диаг цардæн. Мæнæ бамбырд сты, сæ армы цы ис, уымæй цин
кæнынц кæрæдзийыл æмæ сæм цыма амонды хур ныккасти, уыйау
сæ зæрдæтæ — рухс æмæ райгонд. Фæлæ уый бæрæгбонты вæй-
йынц ахæм. Къаты бонты та сæ зæрдыл æрлæудзысты фыдбылы-
зыл ауыгъд фæндиæгтæ: чи тырндзæн балцы фæцæуынмæ, искæй
фос ратæлæт кæнынмæ, ныхмæ чи ’рлæууа, уый ныммарынмæ —
цас фылдæр наммарай, уыйас кадджындæр!.. Чи та нымайдзæн
йæ фос, куыд ма сæм афтауа, искæй фыдæнæн, искæй цæст цæ-
мæй батайа, уый охыл, цæмæй йæхи лæгдæр мачи схона!.. Чи та
хъавдзæн искæй хуымы гæппæлæй чысыл уæддæр фæкайынмæ —
170
уадз æмæ мæнæн фылдæр уа, дæхицæн куы ницы уа, уæд дын
ничи ницы ратдзæн, куы дын уа, уæд дæм хæлæгæй мæлдзысты
æмæ дæуæн та дæ зæрдæ хурварс баддзæн!..
Афтæмæй се ’ппæт дæр кувынц хуыцæуттæм, зæдтæм, дау-
джытæм, сæхи сын фæдзæхсынц, сæхи сæм раст лæгтæй æвди-
сынц, хæрзиуджытæ сæ агурынц. Агурынц се ’ппæт дæр! Фыдгæ-
нæг дæр, хæрзгæнæг дæр! Лидзæг дæр Хуыцаумæ кувы æмæ су-
рæг дæр!.. Тыхгæнæг дæр йæ ныббырсты размæ скувы: Хуыцау,
мæ хъуыддаг мын фæрæстмæ кæн!.. Кæмæ фæбырсы, уымæн дæр
йæ лæгъстæ уый у: йе, Хуыцау, фыдбылызæй бахиз, тыхгæнæгæн
йæ тых басæтт!.. Ацу æмæ сæ ды сраст кæн!.. Хуыцау дæр сын цы
хъуамæ сараза? Æниу раст æмæ зылын æвзары уый дæр? Кæцæй!
Æз цы зæдтæ æмæ дауджытæм бакастæн, уыдон цыма тынг не
’ндавы адæмы рæстдзинад... Йæхицæн кувын æмæ лæгъстæ чи
дома, физонæджы тæф æмæ хæбизджыны улæфтмæ йæ комы дæт-
тæ кæмæн цæуой, уый цæй зæд æмæ цæй дуаг у?
Мæнг ард, мæнг ныхас, мæнг куывд — æппæтæй дæр мæнг
æмæ хин!.. Афтæмæй цæрæн ис? Æмæ сæ хъæугæ та ницы кæны —
зæхх уæлгоммæ, тъымы-тъымамæйы фаг, мæлдзыджытæ дæр адæм
куы фестиккой, уæддæр сын фагæй уæлдай уаид хуым дæр, хи-
зæнтæ дæр. Цæр, кус æмæ рай! Цæр иумæ, мæнæ бæрæгбоны
цардæй, æмгуывд, æмзондæй. Нæ, уый сæ зæрдæмæ нæ цæуы,
хъуамæ кæрæдзи тоной, æргæвдой, хæрой æмæ уыцы фыдбылыз-
ты чи басгуыха, фылдæр чи баназа искæй туг, уый... тыхджын,
кадджын, номджын!.. Хæрæгæй æдылыдæр куы уа, уæддæр —
нымады лæг! Басгуыхти, дам!
— Оммен, оммен!!! — тыхджын схъæр кодтой кæстæртæ æмæ
Сырдон фæиртæсти йæ сагъæстæй. Акасти, айхъуыста æмæ ба-
зыдта: уый Сæйраг Кувæг лæугæйæ барджын хъæлæсæй нымайы
адæмы зæрдæйы фæндиæгтæ зæдтæ-дауджыты раз, Хуыцауы раз.
Йæ зачъейы аив здыхт кæрон йæхиуыл хæрдмæ схæцыд, цæсты-
тæ сдзагъул сты Уазайы цъуппы ’рдæм, афтæмæй, Сæйраг Кувæг
Хуагом нымадта зæрдиагæй:
— Хуыцау æмæ йæ уарзон зæдтæ, нæ иунæг сфæлдисæг Хуы-
цау, хъуыддæгтæ рæстмæгæнæг Уастырджи! Нæртон адæм фы-
дæй-фыртмæ кæмæ куывтой, уыцы зæдтæ-дауджытæ! Нæ кувинаг
уын барст фод уе ’ппæтæн дæр!
— Оммен, оммен! — ныггуылф кодта алырдыгæй кæстæрæй-
хистæрæй сæ разыйы ныхас.
Сырдон ницы загъта, фæлæ йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, уытæппæт
зæххон-æрвон адæмы иумæ кæй сæмхæццæ кодта сæйраг Кувæг.
Хуыцау, йе скæнгæ зæдтæ-дауджытæ!.. Уастырджи, нæ иунæг ра-
171
фæлдисæг!.. Æмæ мах кæд рафæлдыста Хуыцау? Мах Бæсты Сæры
Тыхæй равзæрдыстæм, зынг, зæхх æмæ донæй, уый нæртон уæзæ-
гыл сабитæ дæр зонынц. Сæйраг кувæг ног фæтк æвæрынмæ хъавы,
æвæццæгæн... Фæлæ уый цы фæтк у? Нарт сæ цæрынæй, сæ хæ-
рынмæ зæдтæ-дауджытимæ æмвынг уыдысты, исты фыдмитæм-иу
сæ сæр куы радтой, уæд-иу сæ нæртон фæсивæд нæмгæ дæр ракод-
той æмæ сæ ныр сæйраг кувæг нæ сæрмæ хизын кæны æви цы ис йæ
зæрды? Æниу сбирæ сты, стыхджын æмæ сæ Хуагом йæ ныхасы
фидыцæй, йæ адджын лæгъстæйæ расайынмæ хъавы, хъуамæ сын
былдауæн ныхæстæй сæ зæрдæ балхæна! Хин у ацы къæбæлдзыг-
зачъе, ай-ай! Фæлæ сайгæ никæй фæкæндзæн, афтæмæй нын сæ нæ
сæрыл сбадын кæндзæн сабыргай, стæй ма исчи æрæджиау исты куы
схъыррытт кæна, уæд ын йæ сæр уырдыгмæ тымбыл къухæй нæм-
дзысты. Гъе уый уыдзæн нæ пайда Хуагомы былдауæн куывдтыты
фæстæ, æндæр ницы... Дæ фынгыл дæр æмæ дæ куывды дæр æдзух
«Ды цæрай!» кæмæн кæнай, уый сæрмæ хизы æнæмæнг!.. Хуагомы
фырдзыт ныхæстæй дæр хуыздæр ницы рантысдзæн...
Диссаг у, æппын ын афтæ ничи зæгъдзæн, уый цы цурон ны-
хæстæ кæныс нæ зæдтæн æмæ дауджытæн? А, Хуыцаумæ бакув,
Уастырджийы ном дæр ссар, æниу уый дæр чындзымойæ тонынц
нæртон адæм æмæ йæ Хуагом Уазайы цъуппыл, мигъы къуыба-
рау, цы авæрдта, уый бæрæг ын нæй?
Хъусы Сырдон, тынг æй фæнды, сæйраг кувæгæн исчи йæ ных
куы бакъуырид, йæ куывды мæнг ын йæ цæстмæ куы бадарид,
фæлæ дзы уæлдай сыбыртт ничи кæны, Хуагомы ныхæстæм къа-
лиу-къалиугай ног стауæн æмæ фырадджын дзырдтæ æфтауынц,
æндæр йæ хъуыдыйы иуæн дæр нæй Хуагомы сæрныллæг ныхæс-
тыл уæд та мысты цъыззытт скæнын. Æвæццæгæн, Æхсæртæгга-
ты гуыппырсарты ацы хæдзармæ, ацы куывдмæ хонгæ дæр уымæн
нæ кæнынц, уыдон ахæм уæлбикъон куывдтытыл не сразы уаик-
кой. Уырызмæг, чи зоны, Хуыцауы кой скæнид, Уастырджийы
ном дæр ссарид, фæлæ иннæ зæдтæ-дауджыты уый йæхи æмсæр
дæр никуы скæнид. Æниу сын цы лæгъстиаг у, цæмæн сæ хизын
кæна йæ сæрмæ?
Цалынмæ афтæтæ дзырдта йæхицæн Сырдон, уæдмæ йæм ку-
выны рад æрхауди æмæ йæ зæрды нæ уыд хъæрæй исты зæгъын,
сабыргай йæ ныхмæ бадæджы хъусы хъуамæ баулæфыдаид йæ
куывды сæр, хистæры ныхæстæ, фæлæ йæ Алафарн æфсæрмы
баппæрста:
— Уæ, нæ хистæр, мæнæ нæм æндæр мыггагæй иу лæг ис, уый,
æвæццæгæн, мах фæткыл ахуыр нæу æмæ йын куывды бар рат-
тæм, йæ ныхас ын хъусгæ уæддæр фæкæнæм!
172
Хуагом ракасти фынджы сæрæй æмæ базыдта Сырдоны, уый
уыди æрмæст æндæр мыггагæй. Цы лæг уыди Сырдон, уымæн
бæстон ницы зыдта. Æцæг, гуыппырсартæм нымады лæг кæй нæ
уыд, уый хъуыста, сæ сидзæр чызджы сын кæй ракуырдта, уый
дæр зыдта, фæлæ цы лæг у, цы зæгьдзæн, уый нæ ахста йæ зонд,
æмæ йын хъыг уыди, Алафарн ын куывды бар кæй ракуырдта,
уый. Æхсæртæггатæ схъиуд адæм сты, сæ сæр бæрзæндты хæс-
сынц æмæ цы зæгъдзæн, цы бæрæг и? Мыййаг зыгъуымырдæм
исты куы ныйиллæлæй кæна, уæд ма йын стæй йæ дзырд фæстæ-
мæ исдзынæ æви йемæ зæронд-зæронд быцæуыл слæудзынæ?..
Развæлгъау куы зонид лæг, цы зæгъынмæ хъавы Гæтæджы лæп-
пу, уæд æндæр хабар у. Уæд ын ратт дзырды бар кæнæ йæ исты
æфсæнтты ма бауадз дзурын! Афтæ бæргæ хуыздæр у, фæлæ ма
ныр цы. Цæй, цы уа, уый уæд, дзурæд, кæд ницы суæндид...
Сырдон æфсæрмдзæстыгæй лæууыди йæ бынаты æмæ цæмæй
райдыдтаид, уымæн ницы зыдта. Хорзæй куы ницы æрбалæууыд
йæ зæрдыл, уæд ныхас хъазынмæ аздахын сфæнд кодта:
— Мыггаджы номдзыд хистæртæ, фæрнæй уæле бадут, уæ куывд-
тытæ рæхджы æрцæуæнт, стæй канд уæхиуыл нæ, фæлæ ма уæ
алфамблай цы адæмтæ ис, уыдоныл дæр! Хуыцау дæр, стæй зæд-
тæ-дауджытæ дæр æххуысгæнæг уæнт æрмæст Алæгатæн нæ, фæлæ
Борæтæн дæр, Æхсæртæггатæн дæр, Фæсхъæуы нартæн дæр!
Æниу, чи зоны, зæгъат, мах нæхицæн кувæм, дунейыл хур
дæр не ’ххæссы, фæлæ дунейыл хæрзиуæг куы уа, уæд дзы алкæ-
мæ дæр æрхаудзæн, æрмæст сымахмæ куы уа, уæд уын æй уæд-
дæр ничи ныууадздзæн, барвæндæй йæ куы нæ дæттат, тыхæй
уын æй байстæуыдзæн, — уæхæдæг æй зонут, тыхы дуг, тыхы
рæстæг у...
Цæй, зæдтæ-дауджытæ, мыййаг, куы рæджы кæной тыхсты за-
ман, уæд-иу уын лæг æххуысгæнæг цы фæуа, уый амонд уæ уæд.
Цæй, тыхы сæрыл уæм йæ карды фындз чи хæсса, уый дзы йæ
сæфт цы ара йæхи армæй, йæхи цыргъагæй, йæхи зæххыл, уый
амонд уæ уæд!
Кувын æмæ лæгъстæйæ ничи фæчъил уыдзæн ацы дунейы, —
æз æй цас зонын, уымæй ахæм нæу, — фæлæ уæ рæстдзинады
сæрыл сдзурынхъом дæр æмæ схæцынхъом дæр цы уат Хуыцауы
раз дæр æмæ адæмы раз дæр! Адæм куы не сты æмхуызон, уæд сæ
куывдтытæ кæм уыдзысты иууыл рæстæгтæй, æмæ дзы Хуыцау
дæр кæмæ байхъуса? Тыхгæнæг балцы куы араст вæййы, уæд Хуы-
цаумæ кувы, кæмæ фæбырсы, уый дæр йæхи Хуыцауыл афæ-
дзæхсы. Гъе, æмæ дзы кæй фарс фæуа? Рæстдзинады фарс? Æмæ
йæ уæд кувджытæй иу æнæмæнг фелгъитдзæн... Сæхи бар сæ куы
173
уадза, уæд та йын алы ранæй дæр йæ зæрдæ бур физоиæгæй æмæ
дзырды адджынæй сæлæф кæндзысты!
Хуыцау зондæй æххæст у æмæ уыдæттæ куыднæ æмбары!
Рæстдзинады фарс ралæууа, уый йын цы пайда у, уæ хорзæхæй?
Пайда дзы нæй, зæгъгæ, уæд ныртæккæ лæгæн «Дæ райсом хорз!»
дæр ничи зæгъдзæн. Афтæ нæу æви, нæ дзырдарæхст кувæг?..
Хуагом зæрдиагæй хъуыста Сырдоны гакъон-макъон куывдты-
тæм. Зæдтæ-дауджыты кой зæххон ницæйаг лæгтау кæй кодта,
уый йæ зæрдæмæ нæ фæцыди, фæлæ йæм кувгæ-кувын радзурын
хорз нæ касти æмæ йæ галиу армыл йæ сæр æруагъта, афтæмæй
хъуыста. Хуыцауы кой дæр та нывыл куы нæ кодта, уæд Хуагомы
цæсгом тар афæлдæхт. Ныр æм Сырдон куы бадзырдта, уæд ын
æхсызгон уыд, ома уæддæр йæ дзырды рæстдзинадæн æвдисæн
мæн равзæрста, фæлæ йæм сдзурын нæ фæцарæхст, æрмæст йæ
рахиз армæй йæ даргъ зачъе æрсæрфта, ома разы дæн, уæдæ цы.
Сырдон æм лæмбынæг касти æмæ фæхатыд: Хуагом уый размæ
еууы хус къæбæр йæ рахиз армы уырзтæй æууæрста, ныр йæ зачъе-
йыл куы ’руагъта йæ къух, уæд ыл кæрдзыны муртæ, балцон мæл-
дзгуытау, ныррæгъ сты...
Сырдон йæ мидбылты зына-нæзына бахудт, стæй ма йæ дзырд-
мæ афтыдта — нæ йæ фæндыд, Хуагом æнæмастæй куывтаид дард-
дæр, йæ дæлбар адæмы Хуыцауы раз фысы уæрыччытыл нымад-
таид, уый:
— Æгайтма, Хуагом, ды дæр сразы дæ мæ дзырдыл. Ацы ду-
нейы хабар афтæ у, æмæ дæ куы ничи ницы æнхъæл уа, уæд дын
ахъаз дæр ницы фæуыдзæн, уæд æй дæ рæстдзинад не ’ндавы...
Уæдæ! Гъе, æмæ уæ зæдтæ, уæ дауджытæ дæр уе ’мгуывд цы уой,
уый амонд уæ уæд! Хæрд, нозт, адджын ныхас — уыдон стыр
хардз не сты сымах хуызæн цæрæг адæмæн æмæ дзы фæкæсут уæ
зæдтæм, уæ дауджытæм, Хуыцауы та ноджы арæхдæр хынцут æмæ
уæ хъуыддæгтæ Уазайы цъуппæй фæбæрзонддæр уой... Кувын
хъæуы, кувын, лæгъстæ кæнын! Афтæ нæу, æццæй, Хуагом?..
— Ай-айдæр афтæ у! — стыр разыйæ сдзырдта Хуагом, Сырдо-
ны дæлгом ныхас комкоммæ бамбæрста æмæ дзы разыйæ баззад.
— Гъе æмæ кувут, лæгъстæ кæнут! Хуыцауы раз дæр, зæдтæ-
дауджыты раз дæр лæгъстиаг ныхас æмæ дзаджджын фынгыл ба-
кувынæй хуыздæр ницы ис... Æмæ кувут, хорз адæм! Æрмæст
фыркуывдæй йе ’взаг макæмæн ныххауæд, хæргæ дæр-иу акæнут,
нуазгæ дæр, науæд ком куы ныххус уа, уæд куывд нал фехъуыс-
дзæн уæлæрвтæм, æмæ дзы уæд пайда нæй. Нуазут, хорз адæм,
хæрут, уæхи дзæбæх фенут, стæй та — кувгæ! Нуазын Хуыцау
дæр бирæ уарзы!..
174
— Раст у, раст у! — схор-хор кодтой, Сырдонæй дæлдæр чи
бадт, уыдон... Сæ зæрдæмæ фæцыд Сырдоны хынджылæг хис-
тæртæн дæр, фæлæ бахудын нæ уæндыдысты Хуагомæй, сæ рихи-
ты бын йæхи радав-бадав кодта сусæг худт, фæлæ аууонæй рахи-
зын нæ уæндыд — сæйраг кувæг цы зæгъдзæн?!
— Гъе æмæ кæд раст у, уæд — нуазгæ! Зæдтæ-дауджытæй дæр
лæгау-лæг чи у, уый нæ фарсмæ æрбадæд æмæ йын мах та —
фысым, науæд айдагь фæлмæн ныхас æмæ физонæджы тæфмæ
смудынæй чи фæцæра, ахæм зæд æмæ дуаг æз нæ зонын! Кæд сæ
фæнды, уæд æрцæуæнт æмæ мæнæ мæ фарсмæ сæхи хорз фе-
нæнт, науæд дур сæ гуыбыны!
Кæстæртæ бахудтысты Сырдоны къæйных дзырдыл æмæ æр-
бадт уыйадыл Сырдон, фæлæ хистæрты зæрдæмæ нæ фæцыд йæ
фæстаг ныхас. Уыдон сæ цæрæнбонты сæргуыбырæй лæгъстæ
кæнын сахуыр сты алкæмæн — фæстаг дуагæй Хуыцауы онг —
æмæ сын ацы æцæгæлон кæстæр та зæндтæ амоны, хынджылæг
сын кæны сæ лæгъстæйы дзырдтæй дæр, кæмæн лæгъстæ кæнынц,
уыдонæй дæр!.. Уый та куыд?.. Цæмæ кæсы Хуагом та, нæ Сæй-
раг Кувæг?!
Хуагом бамбæрста хистæрты сагъæс, йæхи хъуыды дæр уыцы
донвæдыл цыди, æмæ быцæуы ныхасы бæсты ног куывд ракæнын
æрымысыд.
— Хуыцау, хуыцæутты Хуыцау, не сфæлдисæг Хуыцау, дæ
хорзæх ратт, арфæ нын ракæн, ахъаз дæ цæст бауарзæд! Кæстæр
рæдиаг у, уæд йæ хъазæн ныхасмæ мидбылты худгæ ракæс, дæхи
сабиау! Дæ рафæлдисон стæм, дæ кувæг адæм, дæ фæдонтæ æмæ
нын нæ цард дæхи фæндиаг ауадз, дæ хæрзиуæгæй хайджын куыд
уæм, дæ азарæй — хызт!
Хуагом фæкъæртт йæ тæккæ аивдæр æмæ адджындæр ныхæс-
тæ кæнынмæ. Сырдонæн цы ’мбарын хъуыди, Хуагом «рæдиаг
кæстæр» уый кæй рахуыдта, фæлæ йын æхсызгон цы уыд, — бахъард-
та йæм уыцы сæгъыбоцъомæ! — æндæр æм мæсты не сси, фæлæ йæ
нал фæндыд уыцы пайдайы фæдыл амад кувæн ныхæстæм хъусын.
Цыдæр æлгъаг æм каст Алæгаты хистæрты цæстмæхъус лæгъстæ
æмæ стауæн ныхас зæдтæ-дауджыты тыххæй, Хуыцауы номыл...
Хин æмæ кæлæнæй архайынц сæ хуыцæуттимæ дæр æмæ сыл аф-
тæмæй ды баууæнд, семæ цæрыныл сбукъ у, рæстдзинадмæ сæм
æнхъæлмæ кæс — уый хæрз æдылы ми уаид, æвæдза, æмæ мæныл
не сфидаудзæн, Хуагом, Сæйраг сайæгой! Нæ, мæн нæ фæнды дæ
фынгыл бадын, демæ иу чъирийæ комдзаг кæнын, хорзæй баззай!..
Хуагом куывд куы фæци, рæгъ дæлæмæ куы феккуырст, уæд
Сырдон сыстади æмæ Алафарны хъусы бадзырдта: «Æз зæдтæ-
175
дауджытæм хонæг ацæуон, исчи сæ кæд йæ сæрмæ схæссид нæ
фынгыл æрбадын сæ кувæг адæмимæ...» Алафарн хъазæн ныхас
айста, фæлæ æвиппайды йæ сæры февзæрди хистæртæй, уæлдай-
дæр Хуагомæй, аджидзæг кæнын:
— Нæ буц хистæртæ, — фестад Алафарн дæр, — мæнæ Æхсæр-
тæггаты лæппу афтæ зæгъы, Нарт, дам, зæдтæ-дауджытимæ ра-
гæй дæр æмвынг кæм уыдысты, уым, дам, сæм хонæг цæуын æмæ,
дам, дзы искæй уæддæр кæд ракæнин мемæ! Мæнмæ дæр раст
кæсы уыцы фæнд, Уырызмæджимæ ма балцы цæуынхъом куы
уыдтæн, уæд æз дæр кæддæрты абадтæн семæ æмæ йæ ауадзæм,
æрхонæд дзы иу искæй уæддæр. Цас диссаг у!
— Уый сæрра стут æви?! — фесхъиудта Хуагом. — Ам кувæн-
дон у, джидзæггаг бынат мыййаг нæу!
Сырдонмæ хъыг фæкасти ахæм тызмæг æмæ æдзыт ныхас, цыма
йын саби дæн, уый тай-тай мыл куыд кæны ацы тæнæгсæр!..Фæ-
лæ мæстыхуыз равдисыны аккаг нæу, ахынджылæг дзы хъæуы:
— Хатыр, нæ кувинæгты хицау, — Сырдон барæй афтæ рахуыдта
Хуагомы: кувинæгтæй алы тæбæгъæй дæр иу чъири иста Хуагом
æмæ йæ æвæрдта сæрмагонд къæбицы, афтæ, дам, æмбæлы Хуы-
цауы раз кувæг лæгæн!.. Хуагом ын фембæрста йæ дæлгоммæ ныхас
æмæ йæ ком асур, фæстæмæ сдзурын нал суæндыд æмæ Сырдон
йæ ныхас кодта: — Фæлæ æз нæртон æгъдæуттыл хъомыл дæн.
Ныр сæ кæд нæ хистæртæ халынвæнд скодтой, кæнæ сæ зæрдыл
нал лæууынц, æндæр мæ ныхасы мæнгæй ницы уыди: нæ фыдæл-
тæ фыдæй-фыртмæ æмвынг уыдысты зæдтæ-дауджытимæ! Æмæ
ныр нæ фынгыл иу ’нæбары дауæг уæддæр хъуамæ уаид. Æгъдау
афтæ амоны, æндæр мæн дæр ницæмæн хъæуынц. Дардмæ кувы-
ны бæсты нæ цуры куы уой, уæд сын нæ хъаст дæр æмæ хъыллист
дæр дзæбæхдæр бамбарын кæндзыстæм, нæ лæггадæй дæр сæм
исты фæхæццæ уыдзæн... Науæд хæргæ æмæ нуазгæ мах кæнæм,
æмæ, дам, нын зæдтæ-дауджытæ та æххуысгæнæг уæнт! Афтæ
æдылы нал сты уыдон дæр æмæ дзæгъæлы æххуыстæ нал кæнынц —
армæй арм æнхъæвзынц, дыууæ армæй та цæсгом!.. Дауæгмæ дæр
дыууæ армæй куынæ базилай, уæд æххуыс нæ кæны! Афтæ у, нæ
хорз кувæг, æмæ дын дзы æз искæй дæ фарсмæ æрбадын кæндзы-
нæн, стæй йын цыфæнды кæн: кув ын, лæггад ын кæн дæ цæхх,
дæ кæрдзынæй!..
Сырдон феддæдуар æмæ иудзæвгар куы рауад, уæд ныххудти:
ай мæхи куы ’рбайсæфтон!.. Уым тынг хъæлæкк ныхæстæ фæкод-
тон, мæхи тæргайгæнæг æмæ нæртон æгъдауы сæрхъызой равдыс-
тон,' фæлæ ма ныр цы кæнон? Кæм ссардæуа уыцы æнæбары дауæ-
джы? Куынæ йæ бакæнон сæ фынгмæ, уæд мыл къуыппæн зарæг
176
скæндзысты... Уый дæр ма цыфæнды фод, фæлæ уæд æцæг раст
разындзæн Хуагомы хæрæг, бауырндзæн кæстæрты дæр: зæдтæ-
дауджытæн кувын æмæ лæгъстæ кæнын хъæуы, æндæр гæнæн
дзы нæй, уыдон зæххон адæмæй хистæр æмæ уæлдæр сты, адæй-
маджы æмсæр сæ чи кæны, уый рæдийы, уый æгъдаухалæг къæй-
ных у æмæ фынгмæ уадзинаг нæу!..
Тыхстæй рацыд Сырдон йæ хæдзармæ æмæ фæндагыл сфæнд
кодта: мæ болат лæдзæг мемæ айсдзынæн æмæ Уазайы дæлвæд-
джимæ ацæудзынæн, кæд дзы искæуыл фæхæст уаин уьщы æнæ-
бары дауджытæй... Куы нæ кома, мыййаг, уæд, тыхы сæр бахъæу-
дзæн, фæлæ цы гæнæн и, цæйнæфæлтау мыл гæдыдзураг ахъæр
уа, фæлтау мæ хылгæнаг фæхонæнт. Æниу цæй хылы лæг дæн!
Фатакуй бамбæрста йæ хицауы тыхст æмæ Сырдон куыддæр
æд лæдзæг рахызт, афтæ уый дæр йæ фæдыл араст, ома хæдзар
дымды фод, мæнæн мæ хицау тыхст куы уа, уæд хъуамæ йæ фарс-
мæ уон! Сырдон дæр æй нал асырдта фæстæмæ, — йемæ кæй ра-
цыд, уый йын æхсызгон уыд: дыууæйæ æнцондæр самалгæнæн у
дауæг дæр æмæ зæд дæр, кæд дæ фæнды, уæд дын Фатакуй дæл-
дзæхы адæмæй дæр искæй йæ хъустæй сласдзæн...
Арпаданы былгæрæтты баивгъуыдтой комы хъæлæсмæ Сыр-
дон æмæ Фатакуй. Сырдон ын фæндагыл йæ хъæстытæ ракодта
æмæ æмбаргæ куыдз ирд цæстæй хъахъхъæдта алырдæм, мыййаг,
искуы дауæгыл кæд схæцид йæ цæст! Иу чысыл æрдузмæ куы
фæцæйæввахс кодтой, уæд Фатакуй йæхи фехста размæ, чысыл
фалдæр йæ фæстæгтыл фæлæууыд æмæ цыдæр æнахуыр хъырнд
бакодта: бырр-хъырр-мырр!.. Сырдон ын йæ дзуринаг нæ бам-
бæрста, фæлæ æнахуыр цыдæр хабар кæй æрцыд, уый бæрæг уыд
æмæ йæм батындзыдта. Фатакуй йæ лæуды уаг нæ аивта, фыцца-
гау хъыс-хъыс кодта, йæ цæсты зулæй æмæ йæ зæбул дзæмбыйæ
амыдта хæмпæлты арфмæ...
Бонрæфты æнтæф уыди. Хур æцæг дæрдтыл зилын райдыдта,
фæлæ ма сихорафон хъæды æрдузы бур, тæнæг, фæлæ бæрзонд
хæмпæлты хъарм уыд. Бындзытæ дæр ныггауыр сты уыцы хъар-
мы æмæ гуыв-гуыв кодтой иу ран хæмпæлты сæрмæ. Сырдон но-
джы æввахсдæр бацыд æмæ дын мæнæ... Сафа! Æвæццæгæн ын
искуы цъæх арахъ фæдардтой, кæнæ та йæм нæртон ронгæй фæ-
кастысты æмæ дзы зæрдæ хæццæ кодта, фæлæ йæхи нал басаста
Сырдон — хуыздæр гæнæн ын ницы уыд, кæм ма фæхæст уыдзæн
рæхджы æндæр дауæгыл, кæнын хъæуы ацы къуприйы!
Сырдонæн йæ зæрдыл æрлæууыд Сатанайы хабар æмæ ахъуы-
ды кодта: иу цæф фæкæн æфсæн лæдзæгæй ацы лалымы æмæ дзы
уадздзаг дæр куыд нал аззайа!..
12 Сырдомы цæссыгтæ
177
Æниу цы, Сатанайæн йæхи фæндонæй уыд æмæ йын цы уай-
дзæф кæнон, Хуыцауы раз æй нæ багæды кæндзынæ, æгьдау та
уымæ нæй æмæ мын ирвæзы, стæй мæ ныртæккæ мастисынмæ
дæр не ’вдæлы, мæхи хъуамæ сраст кæнон адæмы раз.
Сырдон февнæлдта Сафайæн йæ рахиз къухмæ æмæ йæ иуварс
аласта. Сафа нæ райхъал, æрмæст цъынддзæстæй цыдæртæ дыбал-
дыбул кодта æмæ йæ сæтæйдзаг былтæ, лалымы дзыхау ыссывдæй,
кæмæдæр ивæзта. Рамæсты та Сырдон, фæлæ расыг лæджы нæмын
йæ сæрмæ не ’рхаста... Ай Арпаданы уазал доны куынæ ныннайон,
уæд дзы лæг пайда нæй æмæ мæ дзырд бынтон фæмæнг уыдзæн.
Цы гæнæн ын уыди — баппæрста йæ йе ’ккой æмæ йæ Арпаданы
былмæ ныддавта. Раппæрста йын йæ уæлæдарæс хæлафæй уæлæ-
мæ æмæ йæ уазал, рæсуг доны сæнт тъыст фæкодта. Фесхъиудта
Сафа, стæлфыд, схæлбурцъ кодта, фæлæ йæ Сырдон æнцад нæ
уагьта, ноджы та-иу æй доны фæтъыста йæ сæрæй йæ астæумæ.
Æрæджиау йæхи æрæмбæрста æмæ афтæ бакодта:
— Цы ми кæныс уый, нæртон лæг, æви мæ донбеттырты мæрд-
тæн удæгасæй фæлдисыс? — æмæ йæ къухтæ ныббыцæу кодта
хуыртæм, ома мæ доны мауал тул, уазал у, ихæн...
— Æнхъæлдæн дзурын та райдыдтай, сылваз Сафа, æз та ма
дын тæригъæд кодтон: йæ къæдз æвзаг ын куы нал уа, уæд ма
сылты куыд сайдзæн, мæгуыр!
— Мæгуыр — хæйрæг, æз цæй мæгуыр дæн, фæлæ мын Фæс-
хъæу уыйбæрц арахъ бадардтой æмæ ма искуы æрчъицдзынæн,
уый мæ нал уырныдта, — тыхулæфт кæны, афтæмæй дзуры Сафа
æмæ йæ дарæс расæрф-басæрфыл сси.
— Уый дæр хорз, дæ фарсæй фод, хъуамæ дзы тонгæ акæнай
æнæмæнг? Мæнæ дæм Алæгатæ хонæг рарвыстой, райсомæй ныр-
мæ дæ фæдыл зилын, ды та ам хæмпæлты ныффæлдæхтæ... Мæ
куыдз дæ дæ арахъхъы тæфæй базыдта, æндæра дын рæхджы сса-
рæн нæ уыд æмæ дын уыцы заманайы хуынд нæ ирвæзт, и? Дæ
амонд уыди æмæ хонæг æз фæдæн, æнæ дæу бацæуын мæ сæрмæ
не схастон, æндæра æнæхай кодтай хуындæй дæр æмæ Алæгаты
зондджын хистæры диссаджы куывдтытæ æмæ арфæтæй дæр.
— Уымæй стыр бузныг, — æрæнкъард Сафа, — фæлæ ма афтæ-
мæй куыд фæцæуон, худинаг нæу?..
— Цæй худинаг æмæ цæй цыдæр! — тынг разыйæ сдзырдта
Сырдон. — Æгæр аив дæр ма дæ, чысыл фæзæронддзæф дæ, æн-
дæра дын цы чызг нæ бакомид, ахæм нæ разынид. Хуры чызг дæр
дæ кæд хæмпæл боцъойæ бафауа.
— Æндæр хуыздæр ма фен, — худæндзастæй уайдзæф кæны
Сафа. — Акæса, мæ пæлæз дæр самæсти, — фæкатайыл та Сафа.
178
— Гъе, лæгай, уый кой дæр кæныс, ныртæккæ дын æй ахсдзы-
нæн, — фæрæвдз кодта йæхи Сырдон æмæ пæлæз доны стылдта.
Фатакуй сæм фæрсырдыгæй касти æмæ пыррыччытæ кодта.
Сырдон æй фæхатыд, — куыдз сыл худæгæй мæлы! — æмæ йыл схъæр
кодта: — Нæхимæ цæугæ, нæ мæгуыр муртæ нын исчи фæхæс-
дзæн, ард дæ макуы бацæуа, стæй пыррыччытæ кæн, хæмпæлы
сæгъау, кæд дыл æхснырсæг нæ бахæцыд арахъы тæфмæ! — Фа-
такуй араст сæхимæ æмæ Сафа йæ фæдыл хъоппæгдзæстæй каст...
Куыддæртæй бантыст Сырдонæн Сафайы æрæрвонг кæнын,
ныссæрфын æмæ йæ афтæмæй Алæгаты кувæн хæдзары раз балæу-
уын кодта. Уæдмæ кæстæртæй чидæртæ рацыд дуармæ æмæ кæр-
ты ирхæфсæн ныхæстæ кодтой. Сырдон сæм куы бацыд, уæд дисы
бахаудтой: ай æцæг куы ’рбакодта цыдæр æнахуыр лæджы! Да-
уæг ма уа?! Фæсфæд алæууыдысты æмæ йын сæ сæрæй бакуыв-
той. Сафа дæр сын æгъдау радта æнæбары, æмæ уый ноджы тынг-
дæр фæцыд сæ зæрдæмæ: дауæг хъуамæ афтæ кæна, уæдæ куыд —
зæххон адæмы йæ сæрмæ кæй хæссы, уый дæр сын фаг у!..
Сырдон сæм фæкасти иудзæвгар, стæй сæм хъæрæй бадзырдта:
— Алæгаты хорз фæсивæд! Нæ дауджыты хуыздæртæй иу — арт-
дзæсты фарн чи дæтты нæртон адæмæн, уыцы Сафа! Саккаг кодта
нæ бæрæгбоны фынгмæ æмæ дзы стыр бузныг стæм, фæлæ йæ ми-
дæмæ та хъуамæ заргæ бакæнæм! Цы зæгьут, нæртон фæсивæд?!
— Заргæ! Заргæ! — схъæлдзæг сты фæсивæд æмæ Сырдон цьæх-
снаг хъæлæсæй ныйилæлæй кодта:
Рацу, хорз Сафа, мидæмæ, уæй мидæмæ, гъей!
Бæркад фæдывæр кæн фидæнмæ, уæй фидæнмæ, гъей!..
Заргæ-хъазгæ балæууын кодта Сафайы хистæрты раз Сырдон.
Уыдон дæр ма цы кодтаиккой. Фыццаг сæргуыбырæй фæлæу-
уыдысты, цыма сын исчи сæ рагъыстджытæ асаста, стæй чысыл
хæрдмæ сæ цæстæй скастысты, фæлæ дзурын уæддæр нæма уæн-
дыдысты. Уæдмæ Сырдон фæхатыд, Сафа сылгоймæгты ’рдæм
йæ цæстытæ кæй байвæзта, æмæ йын ронджы дзæбидыр йæ армы
фæсагъта, зыдта йæ, нозт ын ноджы æхцондæр кæй уыди, æмæ
йын йæ хъусы бадзырдта: «Сылгоймæгты ферох кæн, æндæра ам
фыдуаг адæм сты, бардуздзысты дæ!» Сафа бахудти æмæ Сыр-
донмæ аивæй бадзырдта: «Уый, æвæдза, фенгæйæ нæу!» Кувын
хъæуы, уый йæ хъуыдыйы нал фæци æмæ дзæбидыр иу схæстæн
ныффæрсыгъта. «Гъе уый дын ронг у, гъе!» — бакодта хъæлдзæ-
гæй æмæ хистæртæ дæр бахудæгау кодтой, кæд сæ зæрдæмæ нæ
фæцыд, уæддæр, — ома дауæджы зæрдæ алхæнæм, уæдæ куыд
вæййы, æмæ чысыл фæцардгъуыз сты.
179
Æрбадт Сафа Хуагомы фарсмæ. Æцæг, Хуагом йæхи гæзæмæ
æддæдæр аласта, фæлæ уæддæр дауæг йæ фарсмæ бадти æмæ йæ
зæрдæ ныббуц. Ноджы ма йын Сырдон дæр ауагьта йæ зæрдæйыл
сойы къус:
— Мæнæ хорз адæм, æвæджиауы уазæг нæм ис. Хонæг мæ
арвыстат æмæ нæм йæ сæр æрдардта. Æз дзы бузныг дæн, кæй
мын саргъ кодта, уымæй, фæлæ æз дзурынмæ дæсны нæ дæн æмæ
йын арфæ та мæнæ нæ цытджын хистæр ракæнæд! Хуагом дзыр-
дарæхст кувæг у æмæ йын уый æппæт дæр нывыл ранымайдзæн.
Дæ хорзæхæй, Хуагом!
Адæм фæгæппытæ кодтой, ныр сæ æцæг бауырныдта, сæ фын-
гыл йæхæдæг Сафа кæй бады æмæ йын хъуамæ æгъдау радтой, —
хистæр дауæджы цæрæнбон кувдзæн, лæууын хъæуы!
Сырдон уый куы федта, уæд йæхи фæтылиф кодта, сылгой-
мæгты ’рдæм баввахс æмæ аивæй ацамыдта Зæринæйæн цæстæй,
ома цæуынафон у. Хуагом ма йæ тæккæ кувыныл уыд, афтæ Сырдон
æмæ Зæринæ та сæ хæдзармæ фæндагыл æрдæгмæ бахæццæ сты.
11
Рахицæн Сырдон канд йе ’рвадæлтæй нæ, фæлæ йæ каистæй
дæр. Ницы ссардта уыдонмæ дæр, зæрдæ цæуыл фæлæууыдаид,
ахæмæй. Фылдæр-фылдæры сæ хуымтимæ дзырдта сæ зæрдæ.
Кæрæдзийæ цы ратона кæной, уый ад сын ницы кæны, алчидæр
сæ йæхи гуылы бын æндзары æмæ сæм цæмæ батæхуды кæна лæг?..
Сæ зондæй дуне асайынмæ хъавынц. Æмæ зонд фыдбылызмæ арæзт
куы фæуа, уæд уый ноджы фыддæр куы у! Стæй дзы зонды тых
дæр цас ис? Фылдæр сæ къæдз æвзагæй архайынц. Мæнгæй нæ
дзурынц адæм: къæбæрсайæн — къæдз æвзаг!.. Стæй къæдз дæр
канд се ’взаг нæу, сæ зонд дæр, сæ уд дæр къæдз сты — Хуыцауы
раз, зæдтæ-дауджыты раз, тыхы раз! Æмæ ма уый лæджы цардыл
нымаинаг у? Нæ, мæн Хуагомы хуызæн зондджын лæг ницæмæн
хъæуы. Фæлтау иу фыд-зонд дæр уæд, фæлæ йæ сæр а дунейыл
бæрзонд чи хæсса! Нæ, æз мæ каистæм цæуинаг нал дæн, ницы
мын сæм баззад: иу удгоймаг сæм уыди æмæ уый мæхирдыгæй
фæци, Алафарн ма у æмæ мын уый ничи байсдзæн. Иннæтæ мæ
ницæмæн хъæуынц, нæдæр сæ æз истæмæн бахъуыдтæн. Уадз æмæ
алчидæр цæрæд йæхицæн... Мæнæ ме ’фсымæртæй куы рахицæн
дæн, уæдæй нырмæ цæрын, мæ иунæг сæр куыд амоны, афтæ
æмæ мын бирæ æнцондæр у: нал мæм хауы æрвыл уысм сæ уай-
дзæф, се схуыст, сæ маст... Ницæмæн мæ хъæуы Алæгаты цæстмæ-
хъус æвзаджы маст дæр. Базыдтон сегасы дæр. Борæтæ дæр ма-
180
хуæттау тыхджын куы уаиккой, уæд бæсты цъар бахæриккой, хи-
зæнтæ дзы саразиккой, фос скæниккой æмæ сын иннæ адæмты та
фыййау бауромиккой. Уадз, цæрæнт сæхицæн, æрмæст мæн ныу-
уадзæнт мæ адыл!
Рахицæн Сырдон æцæгдæр йæ каистæй дæр, рахицæн æппæт
Нартæй. Иу искуы ма-иу кæд бацыд искæй хæдзармæ, хъуыдда-
жы фæдыл, æндæр æй никæмæ хастæ йæ къах. Æрмæст чысыл
арæхдæр æмбæлди Алафарн æмæ Армимазимæ. Æцæг, уыдонæн
сæхи дæр не ’вдæлди æмæ йæ нæ хатыдысты, Сырдон сæм стæм
хатт кæй цæуы, уый. Иннæ нартмæ æппын кæй нæ цæуы, уый та
зонгæ нæ кодтой.
Иунæгæй Сырдон рагæй уыди ахуыр, — фыццаг хатт ын «æр-
хæссæггаг» куы бауайдзæф кодтой, уæдæй фæстæмæ йæ чысыл
бонтæ иунæгæй тыдта, йе ’мкарæнтимæ-иу куы уыди, уæддæр сæ
йæ уд, йæ хъуыды хицæн уыдысты, уыдон раджы ахицæн сты
æгас Нартæй дæр æмæ сын баныхасæн нал уыди, афтæ касти Сыр-
донмæ æмæ йæхи дæр нал ныхæста нæртон фæсивæдыл. Ныр ын
Зæринæ куы фæзынд, уæд æм фыццаг афтæ касти, цыма йæ æгас
дунейыл тъымы-тъымамæ æндæр ничиуал хъæудзæн, фæлæ рæс-
тæг куыд цыди, афтæмæй Сырдон бамбæрста: йæ иунæджы бонтæ
нæма фесты æмæ, æвæццæгæн, никуыдæр фæугæ фæкæндзысты.
Нæй сын афтæ æвыдæй фæуæн.
Ацы сагъæсмæ-иу куы бахæццæ, йæ зæрдæ-иу раздæрау куы
адзæгъæл, уæд-иу Сырдон сбадти арты фарсмæ хæдзары æмæ,
зынджы цæстмæ кæсгæйæ, йæхи рæвдыдта сабыр хъуыдыйæ, æн-
тъыснæг сагъæсæй кæнæ исты мысинæгтæй. Зæринæ дæр йæ куыс-
тытыл архайдта æмæ йæ нæ хъыг дардта, — уый дæр хатыд: Сыр-
донæн ма ис уымæй дарддæр хъуыдиаг хабæрттæ æмæ йæ нæ хъæуы
хъыг дарын... Афтæмæй цардысты, æцæгæй та Сырдон æрвыл-
бондæр уынгæг зæрдæйæ нымадта — нæй йын ацы дунейæ ахи-
цæн, нæй йын æнцой ссарæн!.. Алы бон дæр æй цыдæр тæгтæй
баста йæ алфæмблайы цардимæ æмæ уымæй хæлди куы йæ царды
æнцой, куы та йæ уды, йæ сагъæсæмхиц хъуыдыйы æнцой...
Хæрз æрæджы, мит бынтон куы ’рхæццæ хъæугæрæттæм, фæлæ
ма-иу фос уæддæр хизынмæ куы ацыдысты, сæхи истæмæй фæ-
сайын æнхъæл, уæд иу фæссихор Сырдон йæ фыстæ агурынмæ
ацыд æмæ хъæдгæрон сæмбæлд Борæты кустдзагъд хæрджытæй
æртæйыл: æхсæвы сыл бирæгътæ фæхæцыдысты æмæ ма цыдæр
хуызы раирвæзтысты, фæлæ ныр мæнæ хъæугæрон мардысты
зæххыл хаудæй æмæ сæм исчи фæкастаид, уый нæй... Цæмæ сæм
кæсой сæ хицæуттæ дæр: цалынмæ сæ бон уыд, уæдмæ сын фæкуыс-
той, ныр куы ’рхаудтой, уæд сæ бирæгътæ фæтæппæлæг кодтой.
181
Бирæгьы хæстæй ма зæронд хæрæг куы фервæза, уæддæр хæрæ-
гæн нал сбæздзæн, æмæ йæ уыйадыл уадз æмæ бирæгъ ныхсы-
нæд!..
Сырдон æрлæууыд сæ цуры, фæрауын-бауын сæ кодта, йæ
зæрды уыди, кæд ма сын фервæзæн ис, уæд сæм фæкæсын хъæуы,
фæлæ хæрджытæ цæринаг нал уыдысты. Иу ма дзы æнæбары скаст
йæ цæстæй, ныфссастæй уайдзæфгæнæджы каст бакодта Сырдон-
мæ, стæй та бацъынд кодта йæ цæст æмæ сау цæссыг æрлæдæрст
хæрæджы стыр фындзы фарсыл... Уый рисы цæссыг уыди æви
мæлæты тасы, уымæн ницы рахатыд Сырдон, фæлæ йæ дарддæры
фæндагыл фæцыд æнкъардæй. Æнтъыснæгæй æрыскъæрдта йæ
фысты изæры æмæ йæ Зæринæ фарста, цы кæныс, зæгъгæ, фæлæ
йын ницы схъæр кодта: уымæ, чи зоны, худæджы хос фæкæса,
ома хæрæджы тыххæй цы маст кæныс, фæлæ мæнæн зын у... Æз
дæр афтæ фæхъизæмар кæндзынæн а дунейыл, фæкусдзынæн,
цалынмæ мæ бон уа, уæдмæ, стæй ныххæдмæл уыдзынæн...
Ферох уыцы хабар дæр. Æрцыд зымæг. Сырдонæн йæ хæдзар
замманайы æнгомкъул ’мæ æгайнæгцар разынд. Хъарм, райдзаст,
дыууæ чысыл рудзынджы йын скодта, сæ иу скæсæнырдæм, иннæ —
ныгуылæнмæ, æмæ йæм хуры рухс касти кæддæриддæр, йæ был-
иу куы сдардта, уæдæй йæ аныгуылдмæ. Сугæй æххæст уыди,
хъæды цур царди, фæлæ йæ хæдзар æнæартæй дæр хъарм уыди
æмæ ууыл уæлдай цин кодта Сырдон.
Нывыл цыд йæ цард Сырдонæн, уæлдайдæр йæхи нымадæй.
Фæлæ иуахæмы Зæринæ æркой кодта, ома мæн мæ цæгатмæ фæ-
цæуын хъæуы... Сырдон бамбæрста: æрцыд йæ æвгъæды бадæн
рæстæг æмæ йæ хъуамæ йæ цæгатмæ фæкæна. Фæлæ кæдæм?
Куы ничи йын ис. Ардагъу йæхæдæг дæр æдзæллаг у, стæй тыхст.
Уæд та йæ Алафарнмæ раттин, уымæн йæ ус дæр æмбаргæ у æмæ
Зæринæ куы фæтыхса, уæд ын кæд афоныл баххуыс кæнид. Æн-
дæр ын цы кæнон уæдæ?..
Уыцы фæндыл сразы ис Зæринæ дæр æмæ йæ ацыдæй иу мæйы
фæстæ Сырдонæн лæппу райгуырд. Хæрзæггурæггаг æм фæци
Алафарн йæхæдæг — хабар æрдæгæхсæв уыд æмæ талынджы хъæд-
гæронмæ æндæр ничи ауæндыд... Фæцин кодтой дыууæ хъуырау-
гæнæджы иумæ, — Алафарн йæ мид-зæрдæйы Сырдоны дæр хъуы-
раугæнæгыл нымадта! — стæй нуазгæ дæр акодтой. Сырдон зæр-
дæйæ нæ уыд нозтыл, фæлæ йæм уыдис, Алафарнæн та афтæ æфсон
кодта: уæдæ афтидæй дарон атæппæт дурынтæ? Уыдон аразын
мын бацамыдтай æмæ сæ цы фæкæнон? Афтид мигæнæн хæдза-
рæн йæ бæркад суры: дурын хъуамæ йедзаг уа, науæд уый хæ-
дзарвæндаджы дурын нæу!
182
Сырдон ма иунæгæй цард, Зæринæйæн нырма раджы уыд йæ
цæгатæй æрбаздæхынæн, хæдзарæн та иунæгæй ныууадзæн нæ
уыд, æмæ-иу Сырдон йæ фосыл куы базылд, уæд бадт йæхицæн
иунæгæй, æцæг, йæ зæрдæйы бæллицтæ лæгау дзырдта Фатаку-
йæн, фæлæ уымæ иу стыр аипп уыди. Сырдоны чи фæлмæцын
кодта. ахæм: Фатакуй фæстæмæ дзурын нæ зыдта, æрмæст хъус-
гæ кодта. Сырдоны та фæндыд, быцæуы куы ныллæууид йемæ,
кæнæ йын куы раргом кæнид йæ зæрдæйы фæндиæгтæ! Ахæмæй
Фатакуй ницы кодта, йæ фæндиæгтæй æргом цы уыд,. уый — йе
’ххормаджы хабар, уый-иу фæбæрæг йæ курæджы кастæй æмæ
йæ дымæджы лæгъстиаджы тылдæй. Æндæр исты радзурыны охыл
Фатакуй иу хæпп дæр ницæй тыххæй фæкодтаид! /Емæ Сырдон
фæлмæцыд.
Фæлмæцы Сырдон, фæлæ йæм ничи цæуы æмæ йæм иуахæмы
фæссихор чидæр кæрты дуар куы ’рбахоста, уæд цингæнгæ ра-
каст æддæмæ, фæлæ кауы сæрмæ Уырызмæджы хæмпус зачъе
куы ауыдта, уæд йæ цæсгом фæтар. Рагæй нал федтой кæрæдзи,
фæлæ уæддæр нæ фæндыди Сырдоны йæ цины заман Уырызмæ-
джы уынын: уый йын бакалдта цъыф йæ зæрдæмийыл адæмы раз,
ныхасы! Нæ уыд æхцон Сырдонæн йе ’фсымæры æрбацыд, фæлæ
иугæр æрбафтыд, уæд ма йын сурæн дæр кæм уыди...
Иудзæвгар фæкасти Сырдон Уырызмæгмæ, стæй йæм рацыд.
Тинты кæрц хорз куы ссæрфта мæ номдзыд æфсымæр — Нарты
хæстон бодз! Æниу уазал уыйбæрц нæу, фылдæр æй йæхи ахъал
кæнынæн æрбаппæрста йе уæхсчытыл, ома йæ уадз æмæ зоной
Нарт, цахæм бæгъатыр æмæ уæздан лæг у Уырызмæг! Æвæццæ-
гæн, нымайы: адæм лæгæн фылдæр йе ’ддаг бакаст сæ зæрдæмæ
исынц, дæ сæргæхцы исты ис, дæ уд гуымир у æви уæздан, уый
ничи зоны æмæ йын аргъ дæр ничи кæны! Раст нымайы ме ’фсы-
мæр, фæлæ йæхæдæг дæр уыцы зондыл кæд нæу хæст, уæд мын
мæ мæгуыр куы зоны, тинты кæрцы мæм цæмæ æрбахъил?
— Æгас цу, нæртон уæйыг, адæмы раздзог, хæсты — нæрæмон,
ныхасы — æнæмбал, балцы — цæугæ хох!... — Сырдон йæ сæрæй
ныллæг акуывта æмæ йæ рахиз армæй йæ зæрдæсæрмæ бавнæлд-
та. Уырызмæг æй уайтагъд фæхатыд, хынджылæг дзы кæны, æмæ
йæ пух рихитæ базмæлыдысты, цыма сæ быны мыстытæ рауай-
бауай кодтой, уыйау. Уый амыдта: Уырызмæг йæхимидæг худгæ
кæны, йæ дзæбæх зæрдыл ис! Сырдон уый фембæрста æмæ йæхæ-
дæг дæр фæиппæрд йæ фыццаджы зæрдæхаттæй... Сырдон æр-
дзæй барон лæг фæци, фæлæ йæм чысыл ницы дæр хъыг касти:
æрхæссæггаг æй куы рахуыдтой, уæдæй фæстæмæ йæ зæрдæ фæ-
къæппæввонг уыди алы ныхасмæ дæр — кæд йæ быны исты сусæг
183
æфхæрд æмбæхсы?.. Уыйадыл Сырдон тæргайгæнаг сси, фæлæ
маст бирæ нæ хаста. Рог уыд, хохаг донау, йæ зæрдæ: тæлтæг дон
чысыл куы рауайы, уæд цыфæнды змæст уа, уæддæр ныррæсуг
вæййы.
Ныр иугæр Уырызмæг йæ дзæбæх зæрдыл уыди, Сырдоны
хынджылæгмæ нæ фесхъиудта æмæ æлгъитынмæ нæ фæци, уæд
æй, æвæццæгæн, цыдæр хæрзвæндон æрбахаста ардæм æмæ йæм
рæстмæ сдзурын хъæуы. Сырдон кæрты каудуар иуырдæм аппæрс-
та æмæ къухæй уæрæх айсгæ ацамыдта хæдзары уынгæг дуармæ:
— Дæ хорзæхæй, мидæмæ, сахъ Уырызмæг! Галуантæ мын нæй,
фæлæ уискъул хæдзармæ кæд дæ сæрмæ хæссыс, уæд ма фæзи-
вæг кæн. Минасæй дæр дын цы баныфс æвæрон, фæлæ мæ ду-
рынты искуы нозт разындзæн, кæд дæхи нывыл дарай, уæд дæм,
чи зоны, физонæг дæр æрхауа, — худæгау кæны, афтæмæй дзуры
Сырдон, йæ ныхасы здæхт хынджылæгау у, фæлæ йæ Уырызмæг
зæрдæйæ хаты — ныр мастисыны хуызы, тæргайы фæдыл нал у
йæ хынджылæг, йæхи нал сæтты æмæ ма йæ дзырды уаг уымæн
нæ ивы, зæрдæйы уаг аивта!
— Фарн ам уæд! — загъта Уырызмæг æмæ къæсæрæй бахызти.
Уæдмæ ницы сдзырдта, зыдта йæ, Сырдоны уайдзæф раст у: йæ
мадызæнæджы афтидæй ратардта хъæдмæ нæртон Уырызмæг, адæм
йæ зондæй кæмæн æппæлынц, уый!.. Худинаг æм раджы æркаст
Уырызмæгмæ ацы хабар, фæлæ ма, йæхи куыд сраст кодтаид,
уый нæ зыдта. Ома ахæм хуызы, æмæ йæм æргом азым куыд нæ
æрхаудаид, афтæмæй Сырдоны хъуыддаг дæр куыд сырæзтаид.
Ныр та йыл ногæй æртæфст йæ азым æмæ цы загътаид Сырдонæн
лæгæй-лæгмæ, уый нæ ардта. Цæмæй уал ныхас æндæрырдæм аз-
дæхтаид, уый охыл афтæ бакодта: — Лæппу, мæ кæрц уал мын айс,
бандон мын æрдав, стæй уæд дзурдзыстæм, уæдæ цы ми кæндзыс-
тæм, æз дæуау хуымтæ æхсæдаг нæ фæдæн æмæ цы кæнон? Бал-
цæмхиц фæдæн æмæ йе ’фсымæры хæдзармæ та балцы ничи цæуы.
Сырдон ницыуал сдзырдта, иугæр дзырд йæ нысанмæ фæхæц-
цæ, уæд æм æфтауæнтæ нал хъæуы. Домбайæн тæрхъус фæдисон
нæу. Æмæ дзырд домбай нæ фæци, уæд та дзуг тæрхъусæй дæр
домбай нæ рацæудзæн... Сырдон райста кæрц æмæ йæ рагъæныл
сауыгъта, æртыкъахыг бандон авæрдта Уырызмæджы цур. Уый
æрбадти артмæ æввахс, йæ къухтæ нымæг арты сæрмæ арадав-
бадав кодта æмæ сæ стæй аууæрста, йæ цæст ахаста къуымты æмæ
дзы æнцой царды нысæнттæ куы федта, уæд йæ зæрдæ барухс:
— Нæ мады цæсгомыстæн, кæд ды мæнæй хуыздæр нæ цæрыс,
лæппу! — Сырдон йæ мид-зæрды бахудт æмæ ахъуыды кодта: æмæ
цы, раст зæгъы: уый иууыл рахау-бахау кæны, бирæгъау, куы
184
фырæфсæст, куы фырæххормаг, бирæгъау ын куы йæхи фæна-
дæуы, куы йæхæдæг искæй ныттоны... Бынаты куы вæййы, уæд-
дæр ын æнцой нæй, иууыл йæ ном бæрзонд хæссыныл у йæ са-
гъæс: хъуамæ хуыздæр дарæс, хуыздæр бæх, рæсугьддæр ус ма-
кæмæн уа! Ус æппæтæй æххæст у, фæлæ, йæхи загъдау, хингæ-
нæг фæци æмæ йæ цæлæнцой нæ уадзы. Барон у ме ’фсымæр
усæн, фæлæ маст лæджы домгæ кæны.
— Хуыздæр та кæцæй цæрын, фæлæ мæгуырдæр æмæ ад-
джындæр куы зæгъай, уæд уый, æвæццæгæн, рæдыд нæ уыдзæ-
ни, — загъта Сырдон æрæджиау æмæ фынг æрывæрдта Уырызмæ-
джы раз. Æрхаста йæм еууæй гуылтæ, — æлыгæй къæйыл фых,
хæрзад, нæртон адæмæй афтæ фыцын ничима зыдта Сырдонæй
дарддæр, æмæ Уырызмæг гуылтæм кæсыныл фæци. Сырдон æр-
хаста ноджыдæр цыхты кæрстытæ, дурыны цъæх арахъ æмæ хъуы-
рауы та æрыгон, фæлæ хъæбæрфых ронг. Авæрдта Уырызмæгмæ
арахъы сыкъа æмæ йæ разы уырдыг ныллæууыд. Уырызмæг æм
йæ хъус дардта æмæ йæхинымæр хъынцъым кодта: искуы ма мæ-
нæй æдылыдæр фæуыдзæн?! Дæ хорз кæстæры дæ хæдзарæй ра-
тæр æмæ йæм стæй уазæгуаты цу уынæг... Йæ зæрдыл мæ иу
хæрзиуæг нæ дары, уый та мын нырма иу маст никуы скодта йæ
уды номыл. Баронтæй нæу, фæлæ мастисыныл куы ныллæууыда-
ид, уæд афонмæ мæ номæй дæр, мæ кадæй дæр ницыуал аззадаид.
Уый мæ фæсфæд никуы ауæлдай кодта, æфсымæрау мæ сæр хъахъ-
хъæныныл уыди. Нæ, мæ аххос у æппæтдæр. Æз хистæр дæн æмæ
йæ никуы барæвдыдтон. Коммæгæс, дам, нæу. Æмæ цæмæй нæу?..
Балцы нæ цæуы æмæ цы? Уый тыххæй йæ маргæ хъуамæ акæ-
нæм? Стæй не ’ппæтæн балцы цæуæн дæр кæцæй ис, уæд ма саби-
ты чи хæсдзæн, уæзæг чи хъахъхъæндзæн, артдзæстыл суг чи ба-
вæрдзæн? Нæ хъуыд бæргæ ахæм кæстæры æддæмæ уадзын, фæлæ
ма ныр цы?.. Кæмæндæр, дам, йæ рæгъау куы фæтардæуыд,
фыййау уæд баххуырста... Æрæджиауы зондæй æдылытæ вæйй-
ынц хъуырмæ.
— Цæй, нæ рафæлдисæг Бæсты сæры тыхæй арфæгонд фæу
дæхæдæг дæр, дæ бинонтæ дæр, дæ хæдзар дæр!.. Раст дын куы
зæгъон, уæд æз дæ уынынмæ не ’рбацыдтæн. Æниу мыл æмбæлгæ
рагæй кодта, мæхи нæ раст кæнын. Азыймаг дæн... Иу мадызæ-
нæг стæм æмæ нын нæ мад, нæ фыдæй цы баззад, уый нын иумæйаг
у, ды дзы цух цæмæн хъуамæ уай, ам хъæдрæбын дæ хъиутæ
цæмæн хъуамæ хæрай! Уый фылдæр-фылдæр мæ аххос у... Ды
дæр дзы æнæазым нæ дæ, фæлæ æз хистæр дæн, азымы стырдæр
мæнмæ хауы. Гъе, фæлæ уæддæр абон æз дæ уынæг нæ рацыдтæн
хæдзарæй. Мæ зæрды уыди иу хорз фæнд: цон, æмæ нæ мыггагыл
185
цы ног лæггаг æрбафтыд, уымæн бакувон йæ фыды хæдзары! Раст
у, хъуамæ йын нæ иумæйаг хæдзары акувиккам, фæлæ ма ныр
цы... Æз — бæлццон лæг, кæд мыл цы ’рцæудзæн, уый бæрæг
нæй, æмæ мын уæд та нал фæци ахæм лæгæн акувыны фадат, уæд
мæ мæрдтæм ницы бахæццæ уыдзæни. Гъе, æмæ уал нæ фыццаг
нæ рафæлдисæг тыхы хорзæх уæд!
Уырызмæг сыкъа анызта æмæ йæ артыл ацагъта, стæй ронгæй
дзаг нуазæн йæхимæ æрбайста æмæ дзы ахуыпп кодта. Уæдмæ
йæм Сырдон дыккаг сыкъа авæрдта. Уырызмæг æй райста æмæ та
кувынмæ фæци:
— Ныр та нæ ног лæгæн кувын! Ном ыл кæд нæ сæвæрдтат?
Нæма? Гъе, æмæ йын Хуыцау ахæм амонд раттæд, йæ ном æгас
дунейыл цы нæхъхъæр уа, адæм æй хорзæн цы мысой фыдæй-
фыртмæ! Махæй сæдæ-æрдзæ хатты стырдæр цы фæуа тыхæй дæр,
зондæй дæр, лæгдзинадæй дæр! Æрдæбон ды мæнæй хынджылæг
кодтай, фæлæ уый æцæгæй цы уа: адæмæн — раздзог, хæсты —
нæрæмон, ныхасы — æнæмбал, балцы — цæугæ хох! Æмæ йын
цæрын цы бантыса а зæххыл!.. — анызта та Уырызмæг æмæ сыкъа
Сырдонмæ авæрдта, йæхи армæй та æрбайста хъæбæрфых ронг
æмæ уый дæр арахъы фæдыл ауагъта. — Кæд искæмæн нæ мыг-
гаджы лæг-фылдæр æхсызгон нæ уыд, уæд ын ахæм амонд макуы
раттæд нæ рафæлдисæг, уымæн та йæ дзæбæх уынæд!
Сырдонæн æхсызгон уыдысты Уырызмæджы ныхæстæ, зæр-
диагæй сæ кæй кодта, уый та йæ цæстытыл зынди — цины зын-
джытæ æппæрстой! Æмæ барухс Сырдоны зæрдæ, айрох æй сты
йæ рагон мæстытæ, фæлæ сæм сындæг-сындæг бафтыд ног тас:
Уырызмæг загъта — кæд искæмæн æхсызгон нæ уыд йæ райгуырд...
Ау, ахæм саузæрдæ лæг дæр ис а-зæххыл, сабийы райгуырд хъыг
кæмæн уа? Æмæ йын цы кодта, нырма йæ æз дæр куы нæ федтон,
йæ мады æхсырæй дарддæр та йæ хъуыры куы ницы ацыд, кæуы-
нæй дарддæр куы ницы зоны — нæ цæуын, нæ дзурын? Æвæццæ-
гæн, мæнмæ мæсты чи у, уыдон се ’ппæтдæр сæ Маст иыр уымæй
исдзысты... Сырдоны хъуыды адзæгъæл æмæ та йæ хъуыры цыдæр
масты къуыбар фæзынд, кæддæр уæйгуыты лæппутæй куы ралыгъд,
уæдау та йæ зæнгтæ бадон сты æмæ лыстæг рызт райдыдтой. Хорз
уыд æмæ Уырызмæг нозты фæстæ хæрыныл фæци æмæ ницы фæ-
фиппайдта. Хæрæджы сæр бахæра, ацы тас цы зæд, цы дуаг рауагьта,
уый! Æнхъæл уыдтæн, фервæзтæн дзы, мæхи удæн нал тарстæн,
тынг нæ тарстæн лæппуйы мадæн дæр, фæлæ æппæт тастæй ныр
уыйтас тыхджындæр разынд. Мæ зæнгтæ не ’нцайынц сæ ризы-
нæй, цыма, æлвыд сæгъау, уарыны бын фæдæн...
Сындæггай банцадысты зæнгтæ сæ ризынæй æмæ та Сырдон
186
арахъ æркодта. Ныр æй æрфæндыд, Уырызмæгимæ куы аныхæс-
тæ кæнид, æмæ йын уæд адарын хъæуы — нозтимæ Уырызмæг
лымæн у, стæй дзы куы аназы, уæд æнцондæрдзырд у, науæд
хивæнд æмæ схъæлсæр... Адарын ын хъæуы:
— Кув, нæртон Уырызмæг, нырма дæ кувынмæ хæццæ дæр
куынæ бадæ, уæд куыд æнхъæлыс, ома дæ кæстæрмæ арахъ нæй
æви? — бахудт Сырдон.
— Арахъ та, йедау фæу, Алæгон æнæарахъ уа, уый кæй бауырн-
дзæни, фæлæ мæхи куы срасыг кæнон, уæд хорз кæцæй уыдзæн, —
райста сыкъа æмæ йæ æрлæгъзытæ кодта йæ армытъæпæнæй, цыма
йын тæргайæ тарст. — Стæй ноджы, йед у, дæхæдæг дæр æрбад,
иунæгæй стæм æмæ лæууын ницы пайда у, сбад...
Сырдон æрбадти æмæ хъусы цымыдисæй: цы ма зæгъдзæн
Уырызмæг?
— Раст дын хъуамæ зæгъон, канд сабийы тыххæй дæр нæ уыд
ме ’рбацыд. Нырма афæдз нæ цæрыс хицæнæй, фæлæ кæсын æмæ
цардыл фæхæст дæ. Æппæтыл æххæссыс. Уæд хуым дæр бакод-
тай, хъæд дæр басастай, хæдзар сарæзтай, фос скодтай, фыййау
дæр бавзæрстай. Чыиты лæбурджыты дæр ма ныццагътай! Хорз,
уыдон уæйыг лæппу фæцагъта. Нæ лæппуйы дæр нын уый ныц-
цавтаид: федтой йæ æмæ, дам, лæджы стæвдæн бæлас æд уидæгтæ
стоны, зæххыл æй æрцæвы æмæ, дам, хъæлтæ фæхауы, къонайыл
æвæрынæн — лыстæг, цырагъæн судзынæн — ставд хъæлтæ. Лæ-
бурджыты фаг уый йæхæдæг дæр уыд, фæлæ иннæ хъуыддæгтæ
куыд бафтыдысты дæ къухы? Науæд мах лæппу уым уыд, уый
куыд басусæг кодтай? Æдбæх лæджы мачи базонæд ахæм дард
фæндагыл... Бурæ та йæ куыд нæ базыдта? Диссаг дæ, æнæхъæн
диссаг! Алæгаты фæсивæд, стæй Борæтæ дæр иууыл дæумæ хъу-
сæг куы систы, уæд сæ цæмæй балхæдтай, цы сын ныббастай? Ис
дзы, нырма мемæ балцы ауайын хуыздæр кæмæ кæсы, бæгъатыр
лæппутæ дзы ис нырма, фæлæ дзы усы хъæстæ чи фæвæййы, уый
та дæ зондыл ныллæууы æмæ цы мæрддаг у, ницы йын мæ зонд
ахсы...
Сырдон ныр рахатыд, цы уыд йе ’рбацыды сæр Уырызмæгæн,
æмæ та йæ зæрдæ нырхæндæг — уый та сæ рагон быцæу сног и,
Сырдоны та быцæу кæнын нæ фæндыд ныртæккæ. Алчи та йæхи
дзырд кæндзæни æмæ цæмæн хъæуы?
— Ме ’фсымæр, уым диссагæй ницы ис. Мæгуыр лæг куыстæй
дары йæхи, искæй фос ратæра, уый ныфсæй нæ цæры. Æндæр
ницы... Хуым дæр бакодтон, хъæд дæр бардызтон, уæдæ цы код-
таин, ды мын ницы бахай кодтай æмæ цæмæй цардаин? Сатанайы
гауыр лæппуйы та дæ номы тæххæй басусæг кодтон, Бурæфæр-
187
ныг цас фæсаинаг уыд, лæбурджытимæ хæсты уый нæ дæр уыди.
— Диссаг у, куыд сæ базыдтаид, лæбурдзысты, уый?.. Лæппу
афтæ радзырдта йæ мадæн: æппæтæй дæр, дам, цæттæ уыдысты
æмæ, дам, нæ уымæн ныццагътой. Æмæ йæ куыд базыдтат æви
уæм исчи хæрзгæнæг фæци?
— Уым исты уыдаид, ме фсымæр, дауджытæй мах фарс чи
фæци, ахæмтæ дæр разынд, уæдæ цы... А фæсивæдæй та дын цы
зæгъон, нæ зонын? Æз сын ницы ныббастон, фæлæ, чи зоны, дæ
бæстытæй фæцъæх сæ зæрдæ, и? — Сырдон лыстæг ныккаст Уырыз-
мæгмæ.
— Ома уый та цæй бæстытæй зæгъыс? — нæ бамбæрста Уырыз-
мæг.
— Куыд цæй? Æви сын нæ февæрыс ныфсытæ: фос — тæлæт-
таг, фагæй фылдæр, ном æмæ кад — æнустæм. Æмæ дзы стæй цы
рауайы? Ницы... Кад æмæ ном — Уырызмæгæн, Æхсæртæггаты
лæппутæн, иннæтæн та сæ кой дæр ничи скæны, кæд дзы цагъды
уыдон фæвæййынц, уæддæр.
— Æмæ дæу афтæ фæнды, æмæ-иу цагъды Æхсæртæггатæ куы
фæуиккой? — хъазæгау фæрсы Уырызмæг.
— Ахæм аслам ныхæстæ сабитæн кæн, ме ’фсымæр! Хæсты чи
амæлдзæн, уый развæлгъау Хуыцау дæр нæ зоны. Нæдæр дæ
фæндонæй амæлы исчи. Фæлæ дæ аххосæй кæй амæлынц, уый
æнæмæнг у!
— Цы дзы ис мæ аххос та? — амæсты Уырызмæг, фæлæ йæхи-
уыл фæхæцыд æмæ ахъуыды кодта, чи зоны дзы æцæгæй вæййы
мæ аххос дæр, уæд мын æй ацы хин лæгæй растдæр æмæ æргом-
дæр ничи зæгъдзæн æмæ йæм байхъусон.
— Бирæ ницы... — коммæгæс хъæлæсæй сындæггай бакодта
Сырдон. — Фæлæ сæ искæмæ тых кæнынмæ ды нæ акæныс? Ды,
ме ’фсымæр, ды! Раст у, тыхæй никæй фæкæныс, фæлæ лæппу
кадмондаг вæййы... Кæй нæ фæнды, райсом ыл хъæбатыры зарæг
куы скæниккой? Афтæ æнхъæлыс, мæн никуы фæндыдис? Фæн-
дыд, балцы цæуынхъом нæма уыдтæн, афтæмæй мæ фыны дæр
уыдтон: фæцæудзынæн балцы мæ хистæр æфсымæр Уырызмæги-
мæ, басгуыхдзынæн стыр хæсты æмæ мæ номыл зарджытæ кæн-
дзысты адæм! Уыдис мæм ахæм зæрдæ дæр... Фæлæ уый фæстæ
мæнæн фидис райдыдтой: ды махæй нæ дæ, ды æрхæссæггаг дæ!
Æмæ кæд афтæ нымайут, афтæ та нымадтай фыццаджыдæр ды,
мæ мадызæнæг!.. — Сырдонæн йæ зæрдæ суынгæг, йæ рагон маст
та йæ зæрдыл æрлæууыд æмæ йын йæ цæстæй радыгъта судзаг
сыг, — уæд æз сымахæн мæ иунæг сæрæй кадагурæг нæ дæн, цæут
уæхæдæг балцы дæр, тых кæнынмæ дæр, æз уе ’мбæлццон нæ
188
дæн, сымах сæрыл мæ сæр æдылыйау не ’рхæсдзынæн!.. — Сыр-
дон фæлæууыд, йæ цæстысыгтæ æрсæрфта, æмæ сабырæй баф-
тыдта йæ ныхасмæ: — Æз фервæзтæн уæ зындоны хæсæй, фæлæ
нæ фервæзтысты иннæ лæппутæ. Фæкæныс сæ балцы æмæ фæ-
цагъды вæййынц. Тæлæты фос уайтагъд атайынц, фарсыл дзы ницы
бахæцы — исæггаг фарсылхæцаг никуы уыди æмæ нæ уыдзæн...
Лæг ыл нæдæр мæт кæны: ссардзынæн та! Дымгæ йæ æрбахаста,
дымгæ йæ ахаста! Иу балц, фылдæр-фылдæры дыууæ-æртæ, стæй
дзы алкæмæн дæр йæ мæгуыр сæр сынтытæн хæлæттаг фæвæййы...
Туг ахуырст у дæ кад, ме ’фсымæр, æмæ йыл куыд никуы ахъуы-
ды кæныс, уый мæм кæсы диссаг. Æдылы лæг не ’мбары хабар,
уый диссаг нæу. Зондджын лæг зонгæ-зонын фыдбылызыл ар-
дауы йе ’фсымæрты, йæ уарзон адæмты, уый диссаг у.
— Æз никæй ардауын, — æнæбары бакодта Уырызмæг, фæлæ
Сырдон фæхатыд йæ хъæлæсы уагæй, зын ын у уыцы рæстдзинад
уромын, басæтта, уый та йæ цæсгом нæ хъæцы, æмæ æвиппайды
йæ зæрдыл æрбалæууыд...
— Ме ’фсымæр, иу куывды бар мæнæн дæр ратт, — загъта
Сырдон æрхæндæгæй æмæ йын Уырызмæг «Кув» кæй загъта, уый
хъуыды дæр нал æркодта, афтæмæй райдыдта: —Уырызмæг, ныр
æрыгон нал дæ... Æз куы райгуырдтæн, уæд ды хæтæнты цыдтæ.
Бирæ сонт лæппутæ фæмарди демæ хæстон ныббырстыты. Ныр
уыдон удæгас куы уаиккой, уæд нæртон зæхмæ йæ ныфс ничи
æрбахæссид. Ныр та нæм чынты бынмизтæ дæр лæбурæг цæуынц.
Æз дзы ме ’мбæлттимæ цалдæры баныгæдтон, уый ницы давы.
Уыдзæн ма сæ фæдыл дæр æндæртæ. Стæй семæ хæсты нæ лæп-
путæй дыууæ кæй фæмарди, уый дæр мæ никуы ферох уыдзæн.
Рухсаг уæнт!.. Фыццаг — чынтимæ хæсты чи фæмард, стæй та
демæ балцыты чи фесæфт, уыдон. — Сырдон арахъы сыкъа æркъул
кодта гуылты цъæлтæм, стæй йæ ногæй байдзаг кодта æмæ йæ
Уырызмæгмæ бадардта.
Уырызмæг райста сыкъа, бирæ фæхъуыды кодта, стæй дзы
цалдæр æртахы æрæппæрста цæхджын хойрагмæ æмæ æрхæндæ-
гæй сдзырдта:
— Рухсаг ут, мæ хорз æмбæлттæ! Хъæбатыр мæлæт ссардтат
уæ сонты рæстæджы, Барастырмæ хуыздæйрагæй цы ис — уæ хай
фод! Уæ тæригъæдæй мæнæн хай ма уæд, мæ аххосæй уæ никæ-
уыл ницы æрцыди. Алчи дæр барвæндæй цыди тохы быдырмæ.
Уым та кæуыл цы ’рцæудзæн, уымæн иунæг нæ рафæлдисæг йæ
зонæг!..
Анызта йæ арахъ Уырызмæг æмæ уый дæр нынкъард, æнæба-
ры ма æууылдта цыхты чысыл къæртт æмæ йæ размæ джихæй
189
каст, цыма йæ цæстыл йæ мард æмгæрттæ æмæ ивгъуыд ныббырс-
тытæ уадысты, уыйау.
— Бирæ туг ныккалд уæ къухæй, ме ’фсымæр... Æмæ цæй
фæдыл?.. Исты дзы бафтыд нæртон адæмый, науæд дæхиуыл?
Мур дæр ницы. Цалдæр физонæджы, цалдæр нуæсы... Цæхæр
ацæуæд уыцы гуыбыны, физонæджы тыххæй искæй чи марын
кæны!
— Лæппу, ды раст нæ нымайыс хъуыддæгтæ. — Цыдæр зæрдæ-
састæй бакодта Уырызмæг, цыма йæхи дæр нæ уырныдта йæ дзырд-
ты рæстдзинад, уыйау. — Мах балцы æрмæст исты фæпайда кæ-
нæм, зæгъгæ, уый охыл нæ фæцæуæм. Исты фæфос кæнынæй
лæгæн йæ ном уæлдæр у. Ном!.. Уый нымаинаг у, стæй — фыц-
цаджы-фыццаг! Чынтæ нæ номæй куынæ тæрсиккой, уæд нæм
алыбон дæр додой кæниккой. Ныр дæр æрмæст нæ лæппуйы ныф-
сæй æрбауæндыдысты... Аххос иууылдæр нæхи уыди, фæлæ æз
айхъуысын кодтон, ома сæ нæ лæппу сайгæ ракодта, цæмæй сын
сæ бон базонын кæна. Кæд нал æрбауæндиккой дыккаг хатт...
Ном — уый стыр хъуыддаг у, ме ’фсымæр!
— Стыр хъуыддаг у, уымæй раст дæ, фæлæ стыр ном вæййы
хорз лæгæн, раст лæгæн, зонды лæгæн. Тыхгæнæгæй, — Сырдон
фæхъуыдыйыл, — чизоны тæрсой. Мæлын кæй фæнды, стæй тых-
гæнæджы раз æрлæууыны ныфс æмæ хъару дæр алкæмæ нæ ра-
зыны æмæ фæтæрсынц... Диссагæй дзы ницы ис... Фæлæ уый ном
у, ме ’фсымæр, адæм дæ хъуамæ сæ сабиты тæрсын кæной, сæ
мидвыны дæ тасæй стъæлфой? Нæ зонын, нæ зонын, цыма уый
ницы ном у, афтæ мæм кæсы. Æз æм нæ бæллын æмæ мæ зондмæ
чи хъуса, уымæн дæр амондзынæн: нæу уый лæджы аккаг ном!
— Уымæй раст нæ кæныс, ме ’фсымæр. Алкæй дæр уадз йæхи
зондыл: кæй куыд фæнды, афтæ кæнæд, цæмæн æй иргъæвыс, йæ
ныхыфыст цы фæци, уымæй? Ды рæстдзинадыл дзураг дæ, æмæ
ма зæгъ: цас раст дæм кæсы лæджы, йæ рафæлдисæг ын цы мини-
уæг радта, уымæй иппæрд кæнын? Кæд дæуау исчи йæхи цонджы
фæллойæ цæрын уарзы, уæд бар йæхи — цæрæд, кусæд, фос хи-
зæд æмæ сæм зилæд, исчи йын дзы тыхы сæрыл куы иса, уæддæр
ыл ма мæт кæнæд, — уый дæр цæрын хъæуы!.. — нывыл дзуры
Уырызмæг, æвæццæгæн, ын рагæй хъуыдыгонд уыдысты йæ ны-
хæстæ.
— Фод дæ дзырд, ме ’фсымæр, фæлæ йæ куыд базондзынæ, чи
цæмæн фæци гуырд, уый?.. Ныхыфыст зæгъыс, æмæ кæм ис уыцы
фыст? Сабитæ иууылдæр иухуызон вæййынц сæ райгуырдæй се
слæгмæ: ницы гакк сыл вæййы, ома мæнæ ай Уырызмæг у æмæ
хъуамæ тыхгæнæг уа, мæнæ ай та Сырдон у æмæ хъуамæ цæрæн-
190
бонты фыййауæй хырха, йæ фос та йын Уырызмæг-тыхгæнæг
хæра!.. Ды искуы федтай ахæм ныхыфыст? Никуы. Стæй ма хъуыд-
даг афтæ куы рауайа, фосы фæдыл цы мæгуыр лæг хæры йæ хъиу-
тæ, уый дæр йæ арммæ цъирхъ куы райса æмæ дзы тыхгæнæджы
куы ’ркæрда, æнæхай йæ куы фæкæна йæ фосæй, уæд уый дæр
ныхыфысты аххос уыдзæн, æви?..
— Уый та амондæй у, ме ’фсымæр, — амоны Уырызмæг, æвæц-
цæгæн, уыцы хабарыл дæр фыццаг хатт нæ дзырдта æмæ нæ
хъуыды кодта. — Иуæн йæ ныхыфысты тыхгæнæг бæргæ фыст
вæййы, фæлæ йæ амонд нæ фæвæййы æмæ фыццаг балцæй дæр
йæ сæр нал æрхæссы. Иннæ та амондджын хæрæг басгуыхы æмæ
цыфыддæр балцæй дæр фосармæй æмæ уæлахизæй æрцæуы! Афтæ
у, ме ’фсымæр, царды фæтк æмæ йын аивæн нæй, — тынг бæлвыр-
дæй алыг кодта Уырызмæг æмæ йæ сæвджын зачъе райдыдта сын-
дæггай дауын йæ галиу къухы уæлармæй, ома ацы зонды ныхмæ
дæуæн дæр ницы дæ бон у зæгъын.
— Нæ, ме ’фсымæр, кæд уый æцæг у царды фæтк æмæ йын
ивæн дæр нæй, уæд ахæм цард мæн ницæмæн хъæуы, уæд дзæгъæ-
лы фæфыдæбон кодта мæ рухсы бадинаг мад мæныл, стæй дæуыл
дæр. Уæд цы у уыцы удæгасæй марды хъизæмайраг фыдæбон?
Ницы... Дыууæ мадызæнæгæй иу фос кæны, иннæ та йын сæ дав-
гæ æмæ хæргæ кæны... Уый дæр ма фод, фæлæ фосы хицау æф-
сымæр уыцы хабарыл куы нæ разы кæна, уæд æм хъуамæ давæг
æфсымæр йæ арм райса æмæ йæ аргæвда! Уый царды фæтк у
дæумæ гæсгæ? Стæй ноджы ивæн кæмæн нæй, ивын кæй нæ хъæуы,
ахæм фæтк?.. — Сырдон нырхæндæг æмæ йæ ныхас цæуы сын-
дæг, фæлæ мæстæлгъæдæй.
— Æфсымæры та чи ’ргæвды, цæмæн афтæ зæгъыс? Мадызæ-
нæг зынаргъ у, уымæ чи хъуамæ райса йæ къух?
— Куыд дæм кæсы, Бурæфæрныджы фосмæ куы бырста дæ
лæппу, уæд æй уæйыджы къухтæй куы нæ байстаин, уæд гъеныр
ам бадис? Марæн кардæй мæ нæ агурис?.. Науæд мæм уый куы
фæцарæхстаид, уæд æз ам бадин, рухс мын нæ кæнис? Æмæ уый
мадызæнæджы æргæвдын нæу?..
— Уый рæдыд хабар уыди, Сырдон, стыр рæдыд, æз ууыл нæ
дзурын, — фæкъæмдзæстыг Уырызмæг.
— Рæдыд нæ уыд, хинми уыди, Уырызмæг. Сæ къухы куы
бафтыдаид, уæд нæ фæстаг сабийы онг мæлдзыджыты цагъд фæкод-
таиккой... Нæртон зæххыл нæ зонгæ дæр ничи бакодтаид суанг
фæззæгмæ... Фæззæджы ма агуырттаиккат уæ адæмы, цæуылнæ
здæхынц сæрды дарæнтæй, зæгъгæ, æмæ ссардтаиккат æхсыд,
къæвдахост стæгдартæ... Тыхми æрцыд, уый базыдтаиккат нæ
191
сæргæхцыты фæстытæй, фæлæ ма цы? Ницы... Уырызмæгæн уыд
мадызæнæг æмæ йын нал и. Рухсаг уæд Сырдон!.. — ныуулæфыд
кæстæр æфсымæр æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Уый царды
фæтк нæу, Уырызмæг, уый фыдвæтк æмæ фыдæгъдау у, аивын
нæ, калмау йæ сæр кæмæн ныппырх кæнын хъæуы, ахæм. Мæ
бон ын ницы у, æндæра йын æз раст афтæ бакæнин.
— Дæ бон нæу æмæ никуыдæр бауыдзæн! Алкæмæндæр йæ
рафæлдисæг цы схай кодта, уый кæндзæн! Ды дæ фос хиздзынæ,
мах та балцы цæудзыстæм, æцæг, дард бæстæтæм, æнæхæрд зæх-
хытæм... Чи зоны дзы, дæ загъдау, иуахæмы нæ сæртæ дæр нал
æрхæссæм, фæлæ уæддæр уæлæуыл уыдзæн нæ кады ном, дæу та
хъуыды дæр ничиуал æркæндзæн дæ мæлæты фæстæ... Тых æмæ
æхсар кæмæ ис, уый æнæмæнг ссардзæн ном æмæ кад! Адæм æр-
мæст тыхы раз сты сæрныллæг, аргъуц уымæй кæнынц, кады зарæг
тыхджын æмæ арæхстджыныл кæнынц. Уый зоныс дæхæдæг дæр.
— Æз уый зонын, ме ’фсымæр, æмæ тых кæмæ бахæссай, уый
дын кад никуы кæндзæн. Тæрсгæ дæ кæндзæн, фæлæ йæхины-
мæр нымайдзæн: ды æрмæст гуымиры тыхæй арæзтдæр фæдæ,
науæд де ’мбæлттæ фылдæр сты æмæ мыл уымæн дæ уæлахиз!
Æмæ æмбырд кæндзæн тых, йæ зæрдæйы та хæсдзæн, æвæрæн
кæндзæн, калмы маргау, фыдæх æмæ судзгæ хæрам. Цалынмæ дæ
йæ мæстытæ дывæрæй райса, уæдмæ æнцой не саккаг кæндзæн
йæхицæн... Кæд дæ уый фæнды æмæ цы лæгыл фæтых уай, уый
дын аргъ кæна, Хуыцаумæ дæ цæрæнбоны тыххæй кува, уæд ыл
фæтых у зондæй, зæрдæйы хорзæй, уды уæзданæй, цирхъы ком
æмæ фаты бырынкъæй — нæ!..
— Уыдон ницы ныхæстæ сты, ме ’фсымæр, — ноджы ныфс-
джындæрæй загъта Уырызмæг. — Тых кæмæ бахæссон, уый æф-
сымæрæн нал агурын, нæдæр мæ йæ уарзондзинад хъæуы. Нар-
тæй мын куы уа хъæбатыр бæлццонтæ, уæд фаг сты хæрзæбонæн
дæр æмæ фыдбылызæн дæр. Мæнæ дæ ног гуырд куы слæг уа,
уæд уый дæр раст афтæ зæгъдзæн, кæд æм нæ тугæй ис, уæд.
— Дæ дзырд фод, ме ’фсымæр, фæлæ ацы хатт фæсмон куы
кæнай, уæд-иу афтæ ма зæгъ: куыд ничи мын фæци хуыздæр зонд
бацамонæг!.. Уый дæр дар дæ зæрдыл, æмæ дæ зæры бон кæй
æрхæстæг. Цас ма хъуамæ фæцæуай хæтæны? Дæ бон куы нал уа
балцы, уæд цы кæнын дæ зæрды ис? Æви ды тых кæмæ хастай,
уый дæу йæ хъуырыл æгънæгæн дардзæн?
— Уыцы хъæбатырæй мæм ныртæккæ куыднæ бырсгæ у лæ-
гæц-лæгмæ? Æви æз зæрондмæ куы фæуон, уæд уый лæппудæр
кæндзæн? Цыдæр раст нæу дæ нымады, ме ’фсымæр?
— Искуы нымайынтыл куы фæуай, уæд-иу æрымыс мæ ныхас.
192
Зын дын куы уа, уæд-иу мæм фæдзур, чи зоны дын мæ чысыл
зонд дæр бабæзза, — загъта Сырдон æмæ сыстад. Чысыл раздæр
йæ зæрдæ фæфæлмæн Уырызмæгмæ, фæлæ та сæ быцæу ахицæн
кодта. Сырдоны дзурын нал фæндыд.
— Цæй, фæцæуон æз дæр, — сфæрæзта Уырызмæг æмæ сыс-
тад, базыдта йæ: ницы рахæсдзæн Сырдонæй ахæм быцæуы. Йæ
ныхæстыл ма фæсмон дæр фæкодта: Сырдоны йæхи зондмæ зда-
хынмæ хъавыд, фæлæ афтæ рауад, цыма йæ ныхыфысты коймæ
Сырдон ноджы адарддæр: кæд алкæмæн дæр йæ амонд раздæр
бæрæг у, уæд дзæгъæлы сты сæ ныхæстæ — алчидæр йæ ныхы-
фыст кæндзæн, Сырдон бæлццон лæг не суыдзæн, Уырызмæг —
фыййау, хуымгæнæг!..
— Хæрзизæр рау, — рахызт Уырызмæг къæсæрæй, — фæлæ-иу
нæ ды дæр абæрæг кæн, уæддæр дæм махæй æввахсдæр ничи ис...
— Кæд уæ мæ сæр истæмæн хъæуа, уæд мæнæ куы дæн, —
æнæбары бакодта Сырдон.
Адард Уырызмæг. Сырдоны ма фæндыд уымæн исты ныфсы
ныхас зæгъын, фæлæ йæм фæстейæ адзурын зын фæкаст — хатыр
курæгау цæуы, æмæ Сырдон та азымджын ницы уыд.
12
Сырдон бирæ фæкаст Уырызмæджы фæдыл. Йæ зæрдæйы
рæбын ын тæригъæд кодта, кæд æм мæсты уыди, уæддæр. Фæзæ-
ронд кæны, афтæмæй йæ царды бонтæ æмæ йæ хъару балцы ба-
тыдта, йæ кæстæрты дæр æрмæст ууыл сахуыр кодта. Йæ хъуы-
дыйы никуы ’рцыди, йæхæдæг балцы цæуынхъом куы нал уа, йæ
цæнгты тых куы асæтта, уæд цæнгдых æмæ гæрзарæхстæн чи са-
хуыр кувын, уыдон ын мур дæр кæй нал аргъ кæндзысты, йæ
зæронд сæр ын фæсдуармæ кæй аппардзысты. Афтæмæй та йæ
уырдæм хъæуы æнæмæнг... Тæригъæд ын кæны Сырдон, — уæд-
дæр мадызæнæг адджын у! Фæлæ йын цы кæна? Йæхи аххос у!..
Афтæмæй ноджы йæхи раст кæныныл схæцы. Йæ ныхас уый
фæвæййы: афтæ фæци нæ ныхыфыст!..
Хæррæджы дымæг!.. Цæй ныхыфыст æмæ цæй цыдæр!.. Фыд-
вæткыл сахуыр сты æмæ сæм хорз кæсы. Рагæй афтæ кæй цæуы
цардыуаг, уыйадыл та йæ æнусон æмæ æнæаивгæ æнхъæл сты.
Сæ зонд нал ахсы хорз æмæ æвзæры гакк, нæдæр сæ уый æвза-
рын фæнды: æнусты зивæг бафтыд сæ хъуыдыйыл æмæ сын æз
цы саразон?..
Йæ рагон сагъæсы уылæн та ныззæй кодта Сырдоныл æмæ бын-
тон нырхæндæг, рухсы цъыртт нал касти йæ зæрдæмæ. Æрæджиау,
13 Сырлоиы цæссыгтæ
193
куы нытталынг, уæд бацыд мидæмæ, фæлæ йæ цырагъы фарк агу-
рын æмæ судзын нал бафæндыд, къонайыл ма цалдæр суджы 6а-
вæрдта, сбадт йæ разы æмæ арты цæстмæ нымдзаст, афтæмæй
хъуыдытæ кодта йæхицæн. Фатакуй дæр йæ хæдфарсмæ бадти
æмæ йæ цæсты зул дардта йæ хицаумæ, йæ хъус та — дуармæ,
кæрты фæстæ æмæ зæххы сæрмæ цы дуне ис, уымæ.
Сырдон бирæ фæранымай-банымай кодта дунейы царды уын-
гæг хабæрттæ, йæ зæрдыл æрлæууыдысты, йæ чысылæй фæстæ-
мæ цы федта æмæ цы бавзæрста, уыдон, фæлæ дзы йæ хъуыдыйы
иунæг æмæ уынгæгдзинад цæуыл фæлæууыдаид, уый нæ ардта
æмæ бафæллад — йæхæдæг дæр, йæ хъуыды дæр. Сырдонмæ афтæ
касти, цыма йæ хъуыды иунæгдзинад æмæ хъыджы бын ныггуы-
быр, ныкъкъæдз æмæ ныффæлдæхт кæрдæгыл, раст йæхæдæг куыд
ныххауд быдыры астæу, Уырызмæджы æфхæрдæй куы ралыгъд
ныхасæй, уæд... Æмæ ма искуы сыстдзæн, уый бæрæг нæй, стæй
йæ Сырдон стын дæр нæ кæны: цы ныфс ын авæра, цы тых ын
бауадза йе уæнгты...
Ницы зæрдæвæрæн нысан ссардта Сырдон æмæ ныууагъта йæ
хъуыдыйы быдыры кæрдæджы дæлгоммæ хуысгæ... Йæхæдæг
райста къулæй йæ дыхъисыг фæндыр. Æруындтытæ йæ кодта арт-
дзæсты рухсмæ, стæй фæндыры хæрæг схъен кодта æмæ хъистыл
æруагъта æрдынбос. Цыдæр нымæр æмæ уынгæг ниуын райхъуыст
фæндыры къусæй. Сырдон æм хъуыста, стæй фыццаг йæ мид-
зæрды, стæй та дзырдтæй нывæндгæ райдыдта цавæрдæр уай-
дзæфтæ кæрæдзийыл хал кæнын...
Дауæг, Хуыцаусей,
Цардæй, æгъдауæй, —
Иууыл — фæлдыст, фæлдыст!..
Урс æмæ сауæй,
Хин æмæ дауæй —
Иу фыдвæткæй æмпъызт...
Фатакуй фестад, дуармæ рацыд æмæ айхъуыста дунемæ, ницы
зæрдæхсайгæ дзы федта æмæ фехъуыста, фæлæ ма уæддæр чы-
сыл афæстиат, æхсæвы талынгмæ хъусгæйæ, стæй та фæстæмæ
баздæхт хæдзармæ. Æрбадт та Сырдоны цур, фæлæ йæм афтæ
фæкаст, цыма уый зарæджы ног фæлтæр райдыдта нымайын:
Не сдзырд æлгъыстæй,
Н’ амынд рæхуыстæй, —
Уый, дам, нæ ныхыл фыст!..
Фат æмæ кардæй
Хъазæм нæ цардæй, —
Туджы нсе хъуырмæ тъыст!..
194
Фатакуй хаты, цыдæр æнтъыснæг æмæ тыхст ивылæгау кæ-
нынц хицауы зарæджы, фæлæ цы æмæ цавæр, уымæн ницы æмба-
ры æмæ йæ зæрдæ уынгæг кæны, фæлæ йæ куыд равдиса, уый нæ
зоны æмæ тызмæгæй кæсы куы арты цæстмæ, куы аивæй Сырдоны
цæсгоммæ. Ницы уыны уым дæр, æрмæст æлхынцъ æрфгуыты бы-
нæй æнкъардæй кæсынц фæндыры къусмæ æрвгъуыз цæстытæ,
тыхджын къухтæ хафынц æрдынбос хъистыл æмæ былтæ хъавгæ
нымайынц зарæджы ныхæстæ, цыма сæ уырзæй æвзарæгау кæнынц:
Сонтæй, зæрондæй,
Уд æмæ зондæй —
Иууыл зынг уæхстыл конд!..
Не ’фхæрд, нæ мæтæй,
Фосы къæлæтæй
Чи суадздзæн мах, кæй зонд?..
Кæй фæрсы афтæ зæрдиагæй Сырдон? — хъуыды кæны йæхи-
мидæг Фатакуй, æмбары зæрдæйæ, уый тыхст лæджы фарст кæй
у æмæ йын дзуапп кæй нæма ис Сырдоны ирд зондмæ дæр, фæлæ
цæмæй фæахъаз уа йæ фысымæн Фатакуй? Цы йын бацамона?..
Уый рагæй дæр æууæндыд Сырдоны æппæтхъом зондыл, цыфæн-
ды тыхст уавæры дæр исты ирвæзæн фæндаг чи ардта, ууыл, æмæ
кæд ныр уый дæр ницы зоны ирвæзæн хосæн, уæд ын цы кæна
Фатакуй?.. Тыхсы, сагъæс кæны, йæ хъус дары фæскæрт талынг
дунемæ, йæ цæстæй кæсы куы артмæ, куы Сырдоны цæсгоммæ
æмæ хаты: хъустæ бæргæ хорз хъусынц, фæлæ цæстытыл цыдæр
фæлм абадти æмæ хъæрмуст æртæхтæй æруад уадултыл. Чысыл
фæирддæр сты цæстытæ æмæ та суыдтой, фæлæ та сыл атыхст
уыцы фæлм, стæй хъæрмуст дон фестад... Фатакуй сыстад æмæ
рацыд кæртмæ — нал уыд йæ бон Сырдоны зарæгмæ хъусын. Æниу
зарæг уыд, чи зоны — хъарæг?..
13
Дыккаг бон Сырдон сфæнд кодта Зæринæйы хæдзармæ æркæ-
нын — нал уыд йæ бон иунæгæй. Хорз уыд Фатакуй æнæдзургæ
æмбалæн, фæлæ Сырдонæн йæ зæрдæ æхсайдта йæ саби æмæ
Зæринæмæ, фæндыд æй сæ уынын, семæ дзурын, стæй зæрдæаи-
вæй нæ, фæлæ лæгæй-лæгмæ. Нал сæ ныууагъта Алæгаты уæзæ-
гыл, кæд фæтк нæма амыдта, уæддæр. Æмæ уæдæй фæстæмæ йæ
уды хъизæмар фæрогдæр, стæй та цыма бынтондæр фесæфти, афтæ
каст Сырдонмæ. Уымæн æмæ дзы ферох дунейы тас, иуварс дзы
алæууыд дунейы сагъæс, йæ зæрдæ байдзаг цин æмæ ’хцонæй —
ис ын æфсин, ис саби, ис цæрыны фадат, фыдвæтк æмæ фыдæгъ-
195
дауæй иуварс уæвыны фадат!.. Йæ хъуыды цыма бафынæй æмæ
мæгуыр лæгау рæсугъд фынты ныгъуылд, афтæ зынди хаттæй-
хатт Сырдонмæ, фæлæ-иу уыцы уайдзæфхуыз хъуыды уайтагъд
асырдта йæ зондæй æмæ та-иу ногæй цины уылæны аныгъуылд,
дунемæ йæ ирд цæстæй кæсын чи нæ уагъта, уыцы уылæны, æх-
цон æмæ хъæрмуст уылæны...
Сырдон æнхъæл уыди, фервæзт нæртон адæмы хъизæмарæй,
ацыди, ныууагъта сæ æмæ алчидæр йæхицæн цæры! Фервæзт сæ
æнустæм, уыдон та Сырдонæй фервæзтысты... Уадз, афтæ уæд
æнустæм! — йæхимидæг алыг кодта Сырдон æмæ йæ сæр йæ базы-
ры бын бакодта, боныгон фынæйыл цы карк схæцы, уыйау.
Æцæг цард ныр Сырдон иунæгæй. Ныхасмæ нал цыд, адæмы
иумæйаг фынгмæ дæр афтæ: никæй хуыдта йæ хæдзармæ, никæй
фынгмæ дæр цæугæ кодта.
Фыццаг мæйты, æцæг, Сырдон зынæй ахуыр кодта йæ иунæг
цардыл, фæлмæцыд дзырдахуыр лæг иунæгæй, мадзура цардæй —
Зæринæимæ фæцахуыр сты кæрæдзи цæстæнгасæй æмбарын æмæ
ныхас стæм хатт кодтой, стæй йын Сырдон йæ зæрдæйы уынгæг
сагъæстæ дзырдтаид, уый дæр æм хорз нæ каст. Æрæджиау ын
æвдадзы хос фæци йæ лæппуйы дзырд. Уый куы сдзырдта йæ
дзыхæй, уæд Сырдонæй бынтон ферох нарты ныхас — йæ уарзон
æмæ йæ дзырдарæхст, нучы донау, сарæзта чысыл лæппумæ. Æцæг
æм иуцасдæр мæсты кодтой Зæринæ æмæ Фатакуй, ома цы сагъуы-
ди уыцы хыссæйы тулайыл, мах цæмæн ныууагъта рохуаты, фæлæ
стæй уыдон дæр фæцайдагъ сты æмæ сæ иумæйаг цин æмæ хъа-
зæн сси чысыл саби.
Ном дæр ыл иумæ сæвæрдтой. Фыццаг æй мад хуыдта Хуры
тын, фыд —Лалым, æхсыры лалым, — дзидзи бирæ уарзта. Фатакуй
йæм фыццаг æввахс нæ цыд, æрмæст æм дардæй йæ цæст дардта.
Фæлæ саби бадын куы базыдта, уæд æм йæхи æввахс баласта æмæ-
иу æм циндзæстæй касти. Куы-иу афæлдæхт, уæд-иу хъæрæй «æм-
æм» кæнын райдыдта, ома цы фæдæ, Сырдон, лæппу йæ раны нал
ис!.. Уыйадыл Сырдон дæр хаттæй-хатт лæппуйы æм-æм хонын рай-
дыдта. Фæстагмæ уæддæр сразы сты иу номыл — Хурафарн. Хур
баззад мады номæй, фарн та йæм Сырдон бафтыдта. Афтæмæй ца-
дæггай рахъомыл Хурафарн. Æниу цæй цадæггай — бон уылынг рæзти,
æхсæв — уыдисны: æрдæг азмæ цæуын базыдта, иу афæдзмæ — æдæр-
сгæ дзурын. Æцæг, дзургæ фылдæр йæ мадимæ кодта, хъазгæ та —
Фатакуй æмæ Сырдонимæ. Фæлæ йыл дыууæ азы куы ацыд, уæд
йæхæдæг æнæхъæн ныхас фестад: цæмæй нæ бафарстаид, цæуыл
нæ бафæлвæрдтаид йæ саби зондæй!.. Уыйадыл Сырдон райдыдта
йемæ ас лæгау дзурын æмæ сын бынтон фæхицæн нал уыд.
196
Зæринæ фыццаг тыхсти, Алæгаты чызджытæ æмæ æфсинтыл
арæх кæй нал æмбæлд, уый тыххæй, фæлæ йын стæй хæдзары
куыстытæ, сабийыл зилæнтæ йæ рæстæг аныхъуырдтой æмæ дзы
ферох сты йæ раздæры æмгæрттæ æмæ хиирхæфсæн митæ. Уалын-
мæ йын иу афæдзы фæстæ райгуырд дыккаг лæппу, уый фæстæ та
дыууæ фаззоны. Æртæ азмæ Сырдон цыппар лæппуйы хицау баци —
нал æвдæлд налдæр Зæринæйы, налдæр Сырдоны, æгæрыстæмæй
Фатакуй дæр уынгæджы фæци сабитæй: иумæ дзы дæ хъус дар,
иннæимæ хъазгæ кæн, аннæйы тыххæй рæйын сис, цæмæй йæм
фысымтæй исчи йæ хъус æрдара!..
Ныр Сырдон бынтондæр аныгъуылд йæ сабиты цин æмæ мæты.
Куыстæй дæр ын æрæнцой нал уыди — æхсæз бинойнаджы дарын
хъуыди! Æцæг, йæ фыццаг лæппуйыл дыууæ азы куы ацыд, уæд
æй йемæ кæнын райдыдта. Уый диссаджы æвзыгъд æмæ рæвдз
разынди æппæтмæ дæр: дзурынмæ, цæуынмæ, ныхасмæ хъусын-
мæ æмæ æмбарынмæ. Сырдон æм йæ цæст дардта æмæ йæхими-
дæг тыхсти: «Цæрыны гуырд куы фæуа, уæд ын рæхджы æмбал
нал уыдзæн канд нæртон бæстыл нæ, фæлæ æгас дунейыл дæр...
Фæлæ мæнæн, æрхæссæггаг Сырдонæн, чи ныууадздзæн æвыдæй
ахæм диссаджы лæппу!..»
Афтæ Сырдоны циныл бафтыди сусæг мæт дæр æмæ та йын
йæ зæрдæ æууилын райдыдта рагон тас, налат æнкъарæн, удхор
æмæ хъарусæттæг!.. Сырдон тарст йæ лæппуйæн ныр искæмæй
нæ, фæлæ йæ мадæй дæр. Æмæ йæ нæ фæндыд, мад йæ хъæбулы
зонд æмæ арæхст рахата, уый. «Нæ фæлæудзæн, аппæлдзæн æй
искæмæн æмæ уæд фыдбылыз æнæрцæугæ нæ фæуыдзæн. Хæ-
лæджы цæст стыр у, хæлæджы зæрдæ — æгъатыр. Ахæм саби
мæнæн сæ цæст нæ бауарздзæн æмæ йын исты куы сфыдбылыз
кæной...» — хъуыды кодта Сырдон æмæ лæппуйы фылдæр-фыл-
дæр йемæ кодта. Уымæй дæр-иу изæрмæ не ’рцыд хæдзармæ, изæ-
ры та-иу саби фæллад уыди æмæ-иу уайтагъд фынæймæ фæци.
Афтæмæй йæ æмбæхста Сырдон, ома цалынмæ йæ хъаруйыл фæ-
хæст уа, йæ уонг йæ гаччы сбада, уæдмæ кæд аирвæза, уæд ын
стæй ницыуал уыдзæн.
Сырдон Хурафарнæн хæрз чысылæй бацамыдта æппæтдæр, —
йæхæдæг цы зыдта, уыдон. Дурынтæ аразын, æлыг æвзарын, нæ-
мын, уымæй дзауматæ аразын; æлыг дзауматæм арт кæнын, уыдон
афтæ сфæлтæрын, æмæ ныхдзæфæй хъуытазы æвзист зарæг куыд
кæной. Уыцы аивад Алафарн дæр нæ зыдта, Сырдоны сусæг аивад
уыди, фæлæ йыл саби уайтагъд фæхæст. Ноджы йын бацамыдта
фосмæ зилын, хуымзæхмæ цæст дарын, хуым кæнын, тауын, кæр-
дын, стæй рæвдауын куыд хъæуы, уыдæттæ. Бацамыдта йын кæр-
197
дойы æрдузы йæ мыды цъæрттæ дæр, равдыста йын Æрсойы дæр.
Фенын ын кодта Æлыгобау, зараг дурынтæн æлыг кæцæй хаста,
уый. Уым лæппу ссардта æлыгæй конд лæгты цъæлтæ, иу-цалдæр
та дзы æнæхъæнтæй дæр ссардта. Бафарста йæ фыды, адон та цы
сты, æмæ йын Сырдон радзырдта: ам-иу чысылæй, йе ’мгæрттæм
куы фæтæргай, уæдæй фæстæмæ кæй хъазыд иунæгæй, æлыгæй-
иу хъазæнтæ кæнæ худæджы лæгнывтæ кæй арæзта, уый фæстæ
сыл йæхи фатæй æхсын кæй ахуыр кодта...
Лæппу йын иу хатт афтæ зæгъы, æмæ тæригъæд нæ уыдысты
«лæгтæ» фатæй æхсынæн? Куы амардаиккой, уæд та?.. Сырдон
ныхъхъуыды кодта æмæ раст ранымайыныл ныллæууыд, ацы саби
æппæт зоны æмæ йын сайæн нæй!..
— Тæригъæд?.. Искуы ма нæ уыдысты! Фæлæ æз фыццаг хъæ-
дын лæгнывтæ арæзтон æмæ уыдоныл фæлвæрдтон мæ фаты рæст-
дзæвин... Фæлæ иуахæмы мæ зæрдыл æрлæууыд тæригьæды хабар,
мæнæ ды кæмæй дзурыс, уый æмæ загътон: «Нæу раст хъæдын «лæг-
ты» фатæй æхсын. Уыдон иу цæфæй æхсныфтæ фестынц æмæ стæй
мард сты, уæдæ цы, кæд ма сæ арты баппарай, æндæр ницæмæнуал
фæбæззынц». Æмæ мæ зæрдыл æрлæууыд æлыгæй аразын милмæ
æвæрæн лæггæ. Æлыгæй лæджы куы амарай, уæддæр та йæ судæгас
кæндзынæ: донимæ йæ сызмæнт, сæууæрд æй ногæй æмæ та дзы лæг
сараз, фæлæ хъæдæй лæг амæлы æмæ йæ райгас кæнын мæ бон нал
бавæййы. Нал фехстон уæдæй фæстæмæ хъæдын лæгты, æрмæст
æлыгæй лæгтыл ирхæфстон мæхи. Уый дæр цалынмæ дзæбæх æх-
сын нæ сахуыр дæн, уæдмæ, стæй сæ ныууагътон.
Лæппу лæмбынæг фæхъуыста æмæ стæй æрдомдта, цæмæй йын
бацамыдтаид йæ фыд фатæй æхсыны аивад. Ницы гæнæн уыди
Сырдонæн æмæ та йын уый дæр бацамыдта, кæд нырма раджы
уыд лæппуйæн фат æмæ æрдынимæ архайын, уæддæр. Фыццаг
æй, æцæг, хъазæн фатæй ахуыр кодта, фæлæ иу хатт æрдузмæ
удаистæй æрбагæпп кодта хъæдгæронæй иу дæркъ сычъи æмæ
Сырдоны къæхты бын æрхауд: йæ буар лыстæг-рызт кодта, йæ
бон улæфын дæр нал уыди. Сырдон фæджихау — куыд бауæнды-
ди сычъи лæгмæ йæхи æрбаппарын, æвæццæгæн ын хуыздæр амал
ницыуал уыди йæ тыхсты... Фæкаст хъæды кæронмæ æмæ ауыдта
къудзийы фæстæ æмбæхст бирæгъы. «Кæсæд ма исчи ацы тугхор-
мæ, мæ цуры дæр ма кæд кæсы æнхъæлмæ, ома куы фæиппæрд уа
мæнæй ацы мæгуыр сычъи, уæд æй акъабæзтæ кæндзынæн!» Лæп-
пу дæр тарстхуызæй каст куы сычъимæ, куы йæ фыдмæ. Сырдон
ын йæ цæстæнгасы тас æмæ цымыдис куы федта, уæд æм бахудти,
йæхæдæг та фæлурс аци: ныр ам нæ фæдæн, уæд сабийыл дæр
бацауæрдид ацы налат?.. Кæцæй!
198
Амæсты Сырдон уыцы хъуыдыйæ æмæ фелвæста йæ сины сæ-
рæй фат, æрдынбосыл æй авæрдта æмæ, бирæгъ йæхи иуварс фех-
сынмæ куыд хъавыд, афтæ йын йæ фарс байгæрста æмæ иннæр-
дыгæй фæрсчыты ’хсæнæй азынд Сырдоны тыхджын армæй æр-
выст æфсæндзых фат. Иу схъиуд ма фæкодта бирæгъ æмæ зæх-
хыл йæ уæззау тъæпп фæцыд.
Сырдон æмæ Хурафарн бацыдысты бирæгъмæ, равдыста йын
Сырдон, куыд хъавын хъæуы удæгас милмæ, æлыгæй нывты хъау-
джыдæр, стæй йæм радта йæ хæстон фат æмæ æрдын: «Абонæй
фæстæмæ æхс ацы фат æмæ æрдынæй, ацы дуне адæймаджы хъа-
зын нæ уадзы, бирæгъ сычъийы сæрибарæй куыд нæ уадзы, афтæ.
Хъазыныл куы фæуай, бахсдзысты дæ æмæ дæ балгъитæг афтæ.
Хæсс, мæ лæппу, ацы фат æмæ æрдын, хъæдмæ куы цæуай, уæд...
Æниу адæмы дуне дæр хъæдæй æдасдæр нæу, фæлæ уым æз æмæ
ды иумæ цæудзыстæм, уый мæ бар уадз».
Сахуыр лæппу æхсын дæр æмæ кæд уыди Сырдонæй рæст-
дзæвиндæр. Ноджы ма йæм Сырдон фæхатыд иу миниуæг: лæппу
уыди йæхийау æвæджиау цырд! Йæ къухайстыл цæст нæ хæцыд!
Иуахæмы йæ сихоры хайæ иу кæрдих саггаг кодта Фатакуйæн
æмæ йын æй йæ дзыхмæ бахаста, фæлæ йæм уый куыд февнæлд-
та, афтæ лæппу йæ къух аскъæфта æмæ Фатакуй къæпдзыхæй
аззад... Лæппу хынджылæг райдыдта куыдзæй: дардта йæм фыды
кæрдих æмæ та-иу ын æй йæ дзыхæй раскъæфта. Куыдз смæсты
æмæ срæйдта. Сырдон куыдзы рæйдмæ йæ сæр фæзылдта æмæ
сæм цымыдисæй ныккаст... Хъазы Хурафарн Фатакуйæ æмæ уый
мæсты хъыс-хъыс кæны — йæ хай йын йæ дзыхæй кæй аскъæфы,
ууыл. Бахудт йæхимидæг Сырдон, æхсызгон ын уыд лæппуйы
цырд æмæ загъта: дæ хъуыддаг цæуы, мæ лæппу, цæстæй кæй
уынай, ахæм лæджы арм дыл нæ аныдзæвдзæн!..
— Куыдзы ма мæстæй мар, къæбæда! — тызмæг хъæр скодта
барæй Сырдон æмæ уæд Фатакуйы дæр йæ хай фæци.
Уæдæй фæстæмæ Сырдон тынг нал тарсти йæ лæппуйæн, фæлæ
йæ уæддæр иунæгæй никуыдæм уагъта: фæасдæр уа, стæй уæд
йæхæдæг базондзæн йæхи æвæрын.
Бæргæ архайдта Сырдон Хурафарны æдзух йемæ кæныныл,
фæлæ йыл авд азы куы ацыд, уæд æй иу фæззыгон бон бахъуыд
хæдзаргæсæй ныууадзын, сывæллæтттимæ. Сырдон æмæ Зæринæ
хуыммæ ацыдысты æфсир тонынмæ. Æвзæр аз скодта, хуымты
иугай æфсиртæ схаудта, æндæр ницы; фосыл цыдæр фадниз сыс-
тад æмæ æххормагæй фæцагъды сты сæрвæтты æмæ скъæтты.
Сырдон бæргæ фæлвæрдта йæ фосæн исты схос кæныныл, фæлæ
йæ къухы ницы бафтыд. Амардысты йæ хъуццытæ æмæ йæ галтæ —
199
ныррæсыдысты уыцы низæй се ’взæгтæ, хизæн сын нал уыди æмæ
бабын сты. Иу хорз уыди уæддæр æмæ Сырдонæн йæ фондз роды
чысыл кæртгонды уыдысты, хизынмæ сæ нæ уагъта, сæ мæдты ма
дæйой, зæгъгæ, æмæ йын уыдон фервæзтысты! Йæ фосæй ма дыууæ
дыгæрдыджы уыди удæгас, родтæ та бынтондæр æнæниз уыдыс-
ты æмæ Сырдон рахатыд: низ, æвæццæгæн, хæцы фосыл кæрæ-
дзийæ, низджынты фæд æмæ сæтæй... Иугæр афтæ у, уæд низ-
джын фос кæдæм æфтынц, уырдæм æнæнизты нæ хъæуы уадзын!
Раст хъуыды бæргæ уыд, фæлæ уæдмæ хъæуы иу стур дæр
нал баззад, æрмæст ма аирвæзтысты Бурæфæрныджы фос хохы
дарæнты, уыдонимæ уыдис Сырдонæн дæр иу-фондзыссæдз фысы
æмæ ма уыдонæй ныфс æвæрдта — кæд сæ хъуццытæ æмæ галтæ
балхæнид, зæгъгæ. Уыцы фæндтæй дæр ницы рауад: фыдбылыз
лæгæн хаттæй-хатт йæ дæлфадæй дæр æвзæры, — æрцыд ахæм ми
Бурæфæрныджы фосыл дæр. Нæртон зæххыл фос куы нал баз-
зад, уæд адæм старстысты — цæмæй ма цæрдзысты æгас зымæг,
хор дæр куы ницы ’рзад æмæ нæ фос дæр куы сыскъуыдысты?..
Науæд фидæнмæ хуым цæмæй бакæндзыстæм, кæм уыдзæн æх-
сыр не ’нахъом сабитæн?.. Нæ тарст иунæг Бурæфæрныг. Уый
фæсхуым йæ галты дæр, йæ хъуццыты дæр хохы дарæнмæ арвы-
ста, æрмæст ма дзы иу ныууагъта Сагсуры чысыл сабийæн. Уый-
адыл дзы æрмæст уыцы иу хъуг фæхъуыди. Адæмы фыдбылыз
куы федта, уæд старсти, ома, мыййаг, дарæнтæм дæр куы бахауа
низ, æмæ йæхæдæг ацыд дарæнтæм æмæ йæ цæст дардта фосмæ.
Иу сæныччы хъус дæр дзы нæ фæхъуыди æмæ цин кодта Хуыцау-
мæ, фосы Фæлвæрамæ арфæтæ æрвыста, стыр нывæндтæ сын
кодта, фæлæ йыл уæддæр стыр æнамонддзинад æрцыд...
Иу æхсæв, Сагсур хъæумæ, йæ саби æмæ йе ’фсины абæрæг
кæнынмæ куы рацыд, уыцы рæстæджы Бурæфæрныджы уæтæр-
мæ балæбурдтой бирæ бæлццæттæ. Рагæй нал уыд ахæм хабар,
Сырдон куы фервæзын кодта Фæрныджы уæтæр, уæдæй фæстæ-
мæ дзы иу фыс дæр ничи адавта, æмæ фыййæуттæ ницы æнхъæл
уыдысты, ницæмæ фæцарæхстысты. Уый дæр кæд уыдысты æв-
зонг лæппутæ: Бурæфæрныг Сагсуры ныфсæй йæ фосы фæдыл ас
лæгты нал æрвыста, æрмæст æнахъом лæппуты. Фосмæ сæ цæст
хорз дардтой боныгон, æхсæв та сын тас нæ уыд — Сагсурмæ ничи
бауæндыдаид!
Бал бирæгътау бабырстой уæтæрмæ бæлццæттæ райсомы ’рдæм:
куыдзæй, лæгæй фынæй куы кодтой, раст уыцы афон. Иунæгæй
ма бадти Бурæфæрныджы лæппу, фæлæ йæ фатæй бахстой æмæ
дзыхъмард фæци, фæхъæр кæнын дæр йæ бон нал сси. Иннæ
лæппуты сбастой, сæ дзыхты сын къæрмæджытæ нытъыстой, сæ
200
цæстытæ сын бабастой, афтæмæй сæ дуарæхгæдæй ныууагътой.
Бурæфæрныг хицæн халагъуды царди йе ’фсинимæ æмæ йæ кæс-
тæр лæппутимæ. Фынæйæ баййæфтой фысымы æмæ йæ афтæмæй
стыхтой нымæты, фидар æй сбастой æмæ йæ къуыппæй мæскъмæ
ратылдтой. Йæ лæппуты дæр ын кæрæдзийыл бастæй ныууагъ-
той, йæ рæсугъд усы та йын семæ афардæг кодтой...
Хорз уыд æмæ æртыккаг бон уæтæрмæ схæццæ Сагсур æмæ
ма удæгасæй сæййæфта фыййæутты дæр æмæ фысымæн йæхи дæр,
стæй йæ чысыл лæппуты дæр. Райхæлдта сын сæ баст, бадардта
сын дон, цыдæртæ сын бахæрын кодта æмæ уæд се ’муд æрцыды-
сты. /Ениу Бурæфæрныджы куы амардтаиккой, уæд ын бирæ æн-
цондæр уыдаид: бабын кæйдæр къухæй йæ хистæр хъæбул, йæ
ныфс, йæ зæрдæлæууæн! Фæхастой йын йæ хуры цæст — йе ’фси-
ны, æнæхъæн Нарт æм хæлæг кæй тыххæй кодтой, уый! Атардтой
йын йæ лыстæг фос, цæрæнбонты цы ссардта, уымæй иу райсом
афтид абадт!..
Фыстæй ма, æцæг, иу чысыл дзуг ссардта Сагсур, æртæфон-
дзыссæдзы бæрц, баззадысты æнæхъæнæй йæ галтæ æмæ йæ хъуц-
цытæ, уыдон æндæр ран хуыссыдысты æмæ сæ давджытæ, æвæццæ-
гæн, нæ базыдтой. Ницы барухс уымæй дæр Бурæфæрныджы
зæрдæ. Уый ахауд, ахицæн цардæй, йæ зæрдæйы рæбын ма баз-
зад иунæг фæндиаг — маст райсын, йе знæгты базонын æмæ уыдон
исты хуызы ныццæгъдын. Загъта йæ мидзæрдæйы: фæллой иууыл-
дæр ныууадздзынæн Сагсурæн, сабитæ куы бахъомыл уой, уæд
исты кæндзысты, нæ сæ ныууадздзæн æнæркаст æмæ мæгуырæй
Сагсур, æз сын уæддæр ницыуал фæахъаз уыдзынæн... Мæ маст
куы райсон, уæд ма мæгуыр уæддæр нæ уыдзысты, мæ ном сын
фидисæн уæддæр нæ баззайдзæн!
Хабар нæртон бæстыл уайтагъд апырх, базыдтой Бурæфæр-
ныджы лæппуйы сæфт, бавæрдтой йæ. Сырдон хъуыддагыл уый-
бæрц нæ фæдис кодта — зыдта йæ, ахæм фыдаз скодта, уæд дзы
давд æмæ тыхмитæ æнæмæнг уыдзæн; сырдтау схъеллауаг уыдзыс-
ты æххормаг адæм æмæ кæрæдзийы туг дойныйæн нуаздзысты, —
нæ баззайдзæн æвыдæй Бурæфæрныджы уæтæр дæр. Сагсур уым
куы фæуыдаид, уæддæр сын иунæгæй цы хъуамæ бакодтаид? Æмæ
уыдон та Бурæфæрныгæй зондджындæр разындысты — æвæццæ-
гæн дзы уыдаид нæхионты зонд дæр... Маргæ дæр дзы Бурæфæр-
ныджы лæппуйæ дарддæр уымæн никæй акодтой. Уымæн æнæ-
маргæ нæ уыд: хъæбатыр лæппу уыд æмæ сын ницы ауагътаид,
йæ уд цалынмæ йæ мидæг уыдаид, уæдмæ. Амардтой йæ, йæ кард
сласыны бон дæр æй нæ фæци, афтæмæй. Иннæтæ æвыдæй базза-
дысты. Уыцы хабар хионы ми у, фæлæ йæ куыд базондзынæ —
201
никуы фæд, никуы æвдисæн... Фесæфти Фæрныджы фос доны
къусау. Фесæфтысты Сырдоны фыстæ дæр...
Сырдон зыдта йæ мæгуыры бон æмæ ныр иттæг зæрдиагæй
схæцыд йæ хуымы гæппæлтæ армæй тоныныл, ома дзы иу гага
дæр куыднæ фесæфа, афтæ. Æхсæз адæймаджы æнæхъæн афæдз
хæссын хъæуы, кургæ дæр кæмæй цы ракæндзынæ, алкæмæн йæ
сæр йæ кой у... Сырдоны къухтæ æнæрынцойæ тонынц æфсиртæ,
астæу ныкъкъæдз æмæ дуды, фæлæ йæ уый ницæмæ дары, йæ
тыхст хъуыды кæмдæр зилахар кæны æмæ йæ нæ уадзы йæхи мæт
æркæнынмæ.
Рагæй нал кодта Сырдон ахæм тыхст сагъæстæ. Адæмыл æм-
хуызон куы скодта фыдаз — фос фæцагъды сты, хор не ’рзад, уæд
та Сырдоны зæрдæйы сног адæмы сагъæс, иумæйаг сагъæс! Ныр
ма дунейы мастæй йæхи бамбæхстаид, уый гæнæн нал уыд. Йæ
зæрдæ адæмы тæригъæдæй байдзаг: æххормагæй тыхсдзысты са-
битæ, зæрæдтæ, сылгоймæгтæ, давджытæ æмæ тыхгæнджытæ
мыййаг, нæ. Æцæг, уыдоныл дæр хуыздæр бон нæ уыдзæн. Кæм
цы хъуамæ ссарой, цы давдзысты æмæ кæрæдзи хъуынхъисмæ
бавналдзысты...
Сног Сырдоны зæрдæйы тыхмиты тас дæр. Иугæр нæртон
зæхмæ дæр æрхæццæ тыхмиты рад, уæд дзы нырæй фæстæмæ
дæр æвыдæй нал баззайдзысты: дзырд дзырд сайы, иу фыдбылыз
иннæйы йæ фæдыл ласы, судзин æмæ фæдзæлау... Сырдонмæ афтæ
касти, цыма фыдбылыз нырмæ йæ алывæрсты зылди тынг дæрд-
ты, ныр æввахсдæр кæнын райдыдта æмæ йын рæхджы йæ хурх-
мæ бавналдзæн. Нырмæ никуы тарсти, никуыдæр хъуыды кодта
уыцы фыдбылызыл, фæлæ, йын ныр цыппар чысыл сабийы ис,
стæй сæ мад, се ’ппæты тыххæй дæр йæ сæр хъуамæ уый æрхæс-
са, исты сыл куы ’рцæуа, адæмы раз дæр, хуыцæутты раз дæр
азыймаг уый уыдзæн... Æмæ цы кæна, ацы знæт æмæ æгъатыр
дунейæ куыд бахиза йæ сабиты, йæ зæрдæйы скъуыддзæгты?
Сырдон йæ армæй æфсиртæ тоны, уидзы æмæ сæ куыристæ
бæтты, йæ хъуыды та тыхстæй зилахар кæны йæ сæрты æмæ дзы
иу уысм дæр нæ рох кæнынц йæ сабитæ... Стыхст бынтон йæ
зæрдæ, цыдæр фыдбылызы æндæрг нал хицæн кодта йæ цæсты-
тæй æмæ сихорафон нæма уыди, афтæ йæ бон нал баци — арвыста
хæдзармæ Зæринæйы: ацу, сихор исты сараз æмæ йæ рарвит лæп-
пу æмæ Фатакуйæн...
Зæринæ сæм йæ хъус нал адардта æмæ Фатакуитæ сдзæгъæл
сты Уæллаг хъæуы ’рдæм. Уым сабитæ хъазыдысты фат æмæ æр-
дынæй, баиу семæ Хурафарн дæр æмæ нал фæлæууыд йæ зæрдæ,
айрох æй сты йæ фыды фæдзæхстытæ, ома быцæуыл макуы слæуу
202
Нарты сабитимæ, уыдон æвварсгæнаг æмæ хæлæг сты, куы сыл
фæтых уай, уæд сæм хардзау æркæсдзæн æмæ дæм маст хæсдзы-
сты... Хъазын райдыдтой æмæ сæ Хурафарн нымбылдта: уымæн
йæ фат бирæ дарддæр хауд, афтæмæй се ’ппæтæй кæстæр уыд.
Рæстдзæвин та ахæм уыд: иу лæппу йын чысыл дидинæджы къоп-
памæ ацамыдта, ома уый дæр фæцæф кæндзынæ? Хурафарн ын
йæ зæнджы къубал ахауын кодта фатæй æмæ дидинæджы сæр
зæххыл абадт.
Хурафарны æнамондæн раст уыцы сахат балцæй æрбаздæхтыс-
ты Æхсæртæггаты лæппутæ. Бирæ фæзылдысты, фæлæ ницы ссар-
дтой, афтид армæй здæхын сæ бахъуыд æмæ мæсты уыдысты.
Ноджы сын сабитæ, Сырдоны лæппу сæ амбылдта, зæгъгæ, куы
рахабар кодтой, уæд батæвд сты æмæ, цыма сæ цахъхъæн уыди,
уыйау быцæуыл ныллæууыдысты йемæ. Ницы дзы ахастой, æм-
былды фесты стырæй-чысылæй æмæ дзы уæд иу сæрхъæн афтæ
зæгъы: «Хъуымызбыл, цæугæ кæн уæхимæ, æндæра дын дæхи
сисдзынæн милмæ!..» Хурафарнмæ хъыг куыднæ фæкаст, фæлæ
уæддæр мидбылты худгæ бадзырдта: «Уæгъды мæм æртхъирæн
кæныс, хорз лæг. Ничи дæр дæ тæрсгæ кæны, никæмæн дæр кæнгæ
исты ракæндзынæ. Мæныл та дæ фатæмбæлгæ дæр нескæндзæн...»
Сабитæ ныххудтысты æмæ лæг бынтон амæсты: «Афтæ у, уæд
дæхим кæс!» Фæдардта йæм фат æмæ йыл æцæг ма суадза... Ху-
рафарн чысыл фестъæлфыд æмæ фат йæ цуры нынныхст сыджы-
ты. Иууылдæр хорзау нал фесты æмæ хылкъахæг дæр цы акодта-
ид, уый нал зыдта, æрмæст йæ арм йæхи гъæдæй ног фатмæ ныв-
нæлдта. Хурафарн уый куы федта, уæд ын афтæ зæгъы: «Хорз
лæг, хъуымызбылимæ дæ сæрмæ хæцын кæм æрхастай, уым иу
æхсты бар уымæн дæр ратт, ды иу æхст фæкодтай æмæ дын æгъ-
гъæд фод». Лæг фефсæрмы: чысыл саби йын хъазыны рад куыд
амоны, зæгъгæ, æмæ сразы: фехс ды дæр, зæгъгæ, фæлæ дæ фат
мæнмæ хаугæ дæр не ’рбакæндзæн, æввахсдæр æрбацу!
Хурафарн ын йæхи фат стыдта зæххæй æмæ йæ уырдыгæй
фехста — æз, дам, дын хъуамæ дæ хъусы фæлмæн ахауын кæнон,
бирæгъау къуыбырхъус цæмæй уай!.. Фат йæ разæй ахаста галиу
хъусы фæлмæн æд фæрдыг æмæ туг æрлæсæн кодта фæсæфсæр
лæнчы. Лæг сæрдиаг кодта æмæ йæ хъусмæ фæлæбурдта. Афæнд
кодта сабимæ бабырсын æд цирхъ, фæлæ йæ нæ бауагътой: худи-
наг у, лæг дæ, сабимæ куыд лæбурыс!.. Фæлæ радыгай райдыдтой
уый хæснагыл милмæ æхсын.
Уыцы хабар куы федта Фатакуй, уæд лыгъд радта хæдзармæ.
Сырдоны уым нæ баййæфта æмæ хуыммæ лидзынмæ фæци. Скуыд-
та, сниудта, сæрдиаг кодта Сырдоныл æмæ уый бамбæрста: цы-
203
дæр фыдбылыз æрцыд!.. Иу чысыл æдзæмæй алæууыд, стæй ра-
тындзыдта хæдзармæ. Фатакуй йæ разæй лыгъд æмæ йæ акодта
хæдзары иувæрсты Уæллаг Нарты хъæумæ.
Фатакуй раздæр бахæццæ бæлццон адæмы тыгуырмæ, фатæй
хъазæн бынатмæ. Сырдон дзы æнæхъæн Уæллаг Нарты æмбыр-
дæй куы ауыдта, æгæрыстæмæй Уырызмæг дæр лæууыд уым йæ
тинты кæрцы тыхтæй, æмæ дардæй зынди, цæуылдæр хыл кæны
Сосланмæ, тилы йæм йæ лæдзæг. Сырдоны къæхтæ бадон сты —
æрцыд фыдбылыз, фæлæ йæ уæддæр нæ уырныдта, йæ хъæбулы
йын бахæрдзысты, уый æмæ ма къуырдтытæгæнгæ цыди размæ.
Уалынмæ йæ хъустыл ауад: Фатакуй бахæццæ адæмы æмбырдмæ
æмæ æвиппайды ахæм зæрдæхалæн ниуд ныккодта æмæ Сырдон
йæ бынаты сагъдæй аззад, стæй йæхи фехста Фатакуйы цурмæ.
Сырдон ауыдта Хурафарны зæххыл уæлгоммæ хаудæй — йæ риуы
ныффидар кæйдæр уæззау фат, бæргæ ма йæ ацахста дыууæ къу-
хæй, фæлæ йæ нал баурæдта æмæ йын йæ зæрдæ дыууæ дихы
акодта, йæ саби къухтæ ныссалдысты фаты хъæдыл, тугæй сырх
афæлдæхтысты...
Иу богъ ма фæкодта Сырдон, стæй зæххыл сæмбæлд, йæ къух
ма бæргæ бадардта йæ лæппумæ, фæлæ йæм нæ баххæст. Ныр-
рызт, ныккуыдта, ныдздзынæзта Сырдон æмæ цæссыгæй фемæхст
йæ зæрдæйы æвирхъау рис. Уыйадыл ын цыма фенцондæр, —
фестад æрæджиау, йæ цæстытæ тымбыл армæй асæрфта æмæ тыз-
мæгæй бафарста:
— Чи уæ райста йæ арм мæ хæъбулмæ, кæй уæ цы бахъыгдардта?..
Ничи лæвæрдта дзуапп Сырдоны фарстæн æмæ уæд Сырдон
баздæхт Уырызмæгмæ:
— Ды та куыд ницы дзурыс, ме ’фсымæр, йæ райгуырды бон
ын арфæ кæнынмæ куы бацыдтæ, уæд æм ныр та дæ арм райс-
тай?.. Цы уын кодта, чи йæ бахордта?!
Уырызмæг ницы сдзырдта иуцъусдуг, бæрæг уыд, йæ хъæлæс
цæстысыгæй æхгæд кæй у, фæлæ стæй афтæ бакодта:
— Нæ йæ зоныс, нæ мыггаджы фыдбылыз чи у, цы ма мæ
фæрсыс, — æмæ йæ кæрцы фæдджи йæ цæстытæм бахаста.
Сослан иуварс лæууыд, йæ къухтæ йæ сины сæртыл æвæрдæй
æмæ зылын худт кодта, ома ацы ницæйæгтæ та цы мæ кой кæ-
нынц. Уырызмæджы ныхасмæ йæхи нал баурæдта, ома ныр æм-
бæхсинаг нал у хъуыддаг:
— Йæ тæригъæдæй мын хай ма уæд! Йæхи аххос уыд, мæныл,
дам, фат нæ сæмбæлдзæн, фæхынджылæг кодта нæ фатæхсджы-
тæй... Хорз лæппу уыд, рухс дзæнæты бадæд, фæлæ йæ æз цæ-
мæй зыдтон, æрцог у, зæгъгæ, мын бамбарын кодтой, æмæ мæм
204
хъыг æркаст — æрцог саби махæй куыд хъуамæ хынджылæг кæна! —
æмæ йыл æз дæр мæстыйæ уæззау фат суагътон... Рухсаг уæд!..
Сосланы алы ныхасæй, йæ лæуд, йæ сæры тылдæй бæрæг уыд,
стыр æхсызгон ын кæй уыди сабийы амард, стæй Сырдоны лæппу
кæй разынд, уый. Сырдон айдæнмæ кæсæгау уыдта, Сосланы сау
зæрдæйы цы цин æмæ фыдуаг хъуыды тæлфыдысты, уыдон æмæ
йæ зæрдæ байдзаг судзгæ фыдæхæй, ныддур, ныммæстæг йæ буар,
ихы къæрттау ныууазал æмæ фæхъæр кодта йæ хъæлæсыдзаг:
— Гæды зæгъыс, куыдз!.. Ды сусæгæй фехстай мæ лæппуйы,
æндæра дæ фат ууыл нæ сæмбæлдаид. Æз зæронд дæн, фæлæ
мæн дæр нæ фæцæф кæндзынæ!
Сабитæй чидæр нал фæлæууыд æмæ æрбаппæрста адæммæ:
— Раст у, сусæгæй йæ фехста, йе ’мбæлтты фæстæ бамбæхст,
афтæмæй!..
Сослан ныррыхыд:
— Сыбыртт, куыдзы хъæвдын!
Сабийы мæнгвидар хъæлæс нал райхъуыст, фæлæ Сырдон дæр
æмæ адæм дæр баууæндыдысты —Сослан сабийы амардта хинæй!..
Зыдтой йын иууылдæр йæ ахаст: йæ бон кæм ницы уыд тых æмæ
арæхстæй, уым хин æмæ мæнгардæй архайдта...
— Ам кæд исчи куыдз æмæ хæрæг ис, уæд уый ды дæ, фыййауы
чъырхæггаг!.. Фæлæ дæм кæд лæджы смагæй исты ис, уæд хæс-
наг! Фехс мæ æртæ хатты, кæд дæ бон у — амар мæ! Мæнæн
уæддæр мæ цард ницыуал у æмæ мæ туджджыны къухæй мард
куы ’рцæуон, уæд хуыздæр у!.. Фæлæ ма удæгас кæд баззайон,
уæд æртæ ’хсты бар та мæн!
Æддæмæ рахиз, гæдыдзæст хæрæг, æмбæхсгæ ма бакæн, æмæ
адæм феной, куыд рæстдзæвин дæ. Куы бамбæхсай, уæддæр дын
удæгасæй уадзæн нæй — Мæрдтыбæсты дын куыдзы бæлæгъæй
хъæстæл дардзынæн, уый зон, фæлæ ма бамбæхс, æддæмæ рахиз!..
Сослан фырмæстæй æви фыртæсæй лыстæг-лыстæг зыр-зыр
кодта. Йæ къухы тъæпæн нытæфсти цирхъы фистоныл, фæлæ йæ
барæй нæма ласта, ома Сырдоны тæрхъусмæ дæр цирхъ исон!..
Адæмы цæстмæ йæхи афтæ æвдыста, цыма йæм Сырдоны æртхъи-
рæн худæгау кæсы, фæлæ йæ мидзæрды зыдта, Сырдон тæрхъус
нæу, стæй æндонæй конд кæй нæу Сослан, уый дæр ын сусæг нæу
æмæ дзы йе уонджы мигъ бадт, фæлæ дзы тæрсгæ нæма кодта —
фатæй йын ницы ракæндзæн! Йе згъæр хæдоны фат нæ ахиздзæн
æмæ йын тас ницæмæй у!..
Сырдоны фидистæ куы фесты, уæд йæ дзыхыдзаг ныххудти:
— Ха-ха-ха! Сырдоны дзынга дæр та мæм хæстмæ сиды!.. Мæнæ
уæйгуыты диссæгтæ, Гæтæджы-фырт мæм йæ ныфс бахаста!
205
Мæнæ хорз адæм! Цытджын Нарт! Фехъуыстат уе ’ппæт дæр
Сырдоны фидистæ æмæ æртхъирæнтæ?! Йæхиуыл мæ ардауы æмæ
та-иу ма дзурут — Сослан йæ тугхæстæгыл дæр нæ ауæрды! /Ез
алкæй дзæгъæлдзыхтæн чъизи фидистæ барын ахуыр нæ дæн!
Зæгъын уын: «Рухсаг у, Сырдон, развæлгъау! Абон дæ дзæнæты
фæндагыл цæуыс дæ хъæвдыны фæдыл, фæлæ дæхи аххос у, дæ
тæригъæд дæхи!..»
Сосланæн йæ кæрдæггъуыз цæстытæ мастисæн цæхæр акалд-
той, фатдонæй æртæ фаты сыскъуыдта æмæ та ныррыхыд:
— Дæхимæ кæс, уынгты зад гæбæр хæрæг!
Сослан æрдынбос мæсты ’лвæст æрбакодта æмæ фат суагъта
æнæнхъæлæджы. Афтæ тагъд бакæндзæн Сослан, æнæхъавгæйæ
бахсдзæн, уый нæ уырныдта Сырдоны æмæ чысыл ма бахъæуа
фат йæ бичъы бын бауайа. Иу уысм ма бафтыд йæ къухы, фæлæ
йын уый сфаг, йæхи иуварс фæзилынæн — æрмæст фæхатыд, Сос-
ланы фаты базыр йæ фарсы фæлыныл асæрфта йæхи. Тас фæ-
тæпп кодта йæ зæрдæйы æмæ уайтагъд ахуыссыд, Сырдон ныр
фестад ихзæрдæ æмæ дзагъырдзæст, йæ хъуыдыйы ма уыди иунæг
фæндиаг: маст суадзын, йæ хъæбулы марæджы Мæрдтыбæстæм
барвитын!
— Цæв ноджыдæр, хæрæгæй чи рантыст! — цæргæсы цъæхахст
фæкодта Сырдон æмæ Æхсæртæггатæ дисы бацыдысты: никуы сæ
ничи фехъуыста Сырдоны æрвнæрæгау хъæлæс, æдзух сæм сабыр
æмæ худæзмæлæй дзырдта йæ чысылæй фæстæмæ!..
Сослан фергъуыйау — йæ фат æнæнхъæлæджы кæй суагъта
Сырдоныл, уымæй йæ тынг ныфс уыди, ныр иугæр фыццаг фат
фæивгъуыдта, уæд йæ ныфс айсæфт, зыдта йæ, Сырдоныл фат
кæй не ’мбæлы. Æрхауд йæ рахиз уæрагыл æмæ бæстон ныхъхъа-
выд. Хъавы Сослан æмæ Нарты тас бацыд: дыккаг фатæй фервæ-
зæн нæй Сырдонæн, йæ хъæбæр дзыхы аххосæй йæхи æрбайсæф-
та, — Сослан сæм рагæй уыд лæгмар æмæ уæйыгхорыл нымад,
тæригъæд циу, уый зонгæ дæр нæ кодта, болатæй конд дзæгъæлы
мыййаг, нæ уыди!..
Зыгъзыгъгæнгæ атахт йæ нысанмæ — Сырдоны зæрдæмæ Сос-
ланы фат, фæлæ Гæтæджы-фырт дæр уымæ каст дзагъырдзæс-
тæй. Ничи фæхатыд адæмæй, Сырдон иу сонт къахдзæф куыд
акодта фæрсмæ, стæй та фæстæмæ йæ бынаты куыд алæууыд, афтæ
сæм зынди, цыма змæлгæ дæр нæ фæкодта, фæлæ Сосланы фат
йæ иувæрсты атахт æмæ йæ фæстæ сыджыты æрдæгмæ нынныхст.
Нартæй ничй зыдта, Сырдоны змæлд цæстæй цырддæр кæй у,
æмæ дисы бахаудысты. Нæ дис кодта æрмæст Сослан, уый зыдта
хабар æмæ ноджы смæсты, ницы рауайдзæн мæ фатæхстæй, фæлæ
206
мын уый та мурдæр ницы хъом у, мæ болат хæдоны фат нæ, зæ-
гæл куы къуырай, уæддæр нæ ахиздзæн!..
— Цæв ноджыдæр, хæрæджы бæркъа, æндоны тыхтæй! Цæв,
иу æхсты бар ма дын и! — ныцъцъæхахст та кодта, цæф цæргæсау,
Сырдон.
Сосланы ницыуал ныфс уыди Сырдоны амарынæй æмæ æр-
тыккаг фат суагъта æнæхъавгæйæ. Сырдон ын уыдта йæ зæрдæйы
уаг æмæ дзы тæрсгæ нал кодта, фæлæ уæддæр бæстон йæ цæст
дардта йæ туджджынмæ. Йæ къухтæ тыгъдæй дардта, афтæмæй
лæууыд Сырдон, фæлæ йыл Сосланы фат не суад, йæ фарсмæ
сыджыты нынныхст æмæ йæ дымæг дыууæрдæм дзойтæ кодта,
фæззыгон хъæзау, уарыны улæфтмæ.
— Дæ хинтæ дæ нал бахиздзысты, мæдæгсин хæрæг! — фиди-
сы хъæр бæргæ фæкодта æхсты размæ Сослан, фæлæ йын уый
ницы фæахъаз æмæ ныр адæм сæ мидбылты худтысты йе ’нæн-
тыст схъæл дзырдыл.
Сослан афæнд кодта Сырдонмæ лæгæй-лæгмæ бабырсын æмæ
йæ бынатæй фезмæлыд, фæлæ йыл Сырдон фæхъыллист кодта:
— Дæ бынаты лæуу, куыдзы дæндаг! — уый афтæ æнхъæлдта,
лидзынмæ æрхъавыд йе знаг. Батахт Сосланмæ æмæ йын йæ рон
æд фатдон, æд цирхъ сыскъуыдта. Сослан дзы уый æнхъæл нæ
уыд æмæ æндзыгæй аззад. Сырдон фелвæста æртæ фаты, ратыдта
Сосланæн йæхи æрдын æмæ йæ бынатмæ ацыд. Фездæхти йæ
туджджынмæ æмæ йыл тызмæгæй ныккалдта йæ зæрдæйы маст:
— Ныр кæс дæхимæ, лæджы фыдхор, æз дын дæ дондзаст га-
гуытæ куыд акъахон... Ды сусæгæй хæцынмæ рæвдз дæ, куыдзæн
куыдзы ахуыр вæййы! — фæлæ дын æз æргом скъахдзынæн дæ
гæдыйы гагуытæ!..
Сослан ныххудт йæ цæстытæ йын скъахдзæны коймæ — æндон
мæнгдзæсгом конд уыд йæ уæлæ æмæ дзы æрмæст чысыл дæргъæц-
цон хуынчъытæ уыд цæстытæн, уырдæм фатæй нæ, карды бырын-
къæй дæр зын баххæссæн уыди. Зыдта уыцы хабар Сырдон дæр,
фæлæ йæ ныфс уыд — тыхджын армæй æрвыст фаты бырынкъ
баххæсдзæн цæсты гагуымæ. Сырдон, цæстæй кæсæн зыхъхъыр-
мæ кæй барвитдзæн йæ фат, ууыл хъуыды дæр нæ кодта, дзæбæх-
иу куы хъавыд, уæд æрду никуы ивгъуыдта, фæлæ йæ мæт уыди —
мæнгдзæсгомы æфсæн афтæ тыхджын ныццæвын, куыд батаса
мидæмæ æмæ фаты бырынкъ гагуыйы куыд нынныхса.
Нæма банцад Сослан йæ худынæй, афтæ йын æвирхъау рис
йæ сæры магъз айгæрста. «УæууП!» — фæхъæр кодта йæ тых-йæ
бонæй æмæ йæ цæсгом æндон æрмтгæй амбæрзта. Сырдон фехъуыста
уыцы хъæр, федта, йæ фат цæстæй кæсæн зыхъхъыры фидар кæй
207
нынныхст, бауырныдта йæ, скъахта йе знаджы цæст, æмæ барухс
йæ зæрдæ, стæй йын хъыг дæр уыди — дыккаг цæстмæ нал и бах-
хæссæн, æндон æрмкъухтæй æмбæрзт æрцыд. Фæлæ ма ис Сыр-
донæн æхсты бар æмæ сæ дзæгъæлы нæ бахардз кæндзæн!.. «Дык-
каг цæст къухы нал бафтдзæн, фæлæ — зæнгтæ!..» — февзæрд Сыр-
доны хъуыдыйы æмæ йæ уæлвæд дыууæ фаты фæд-фæдыл ныц-
цавта Сосланы уæраджы кæхцытыл, зыдта йæ, уым бæрæг уаццаг
кæй ис æндон зæнгойæ уæрагæмбæрзæнты æхсæн. «Оу!..» — мæ-
лæтдзаг хъыллист фæкодта Сослан æмæ йæ уæрджытæм фæлæ-
бурдта дыууæ къухæй, стæй зæххыл йæ уæззау тъæпп фæцыд.
Сырдонæн чысыл йæ маст ссыди, йæ цæстæй ракаст, уæды онг
ницы уыдта Сосланы тызмæг æмæ æнæуынон хæмхудтæй дард-
дæр, ныр Уæллаг Нарт йæ алфæмблай кæй лæууыдысты, уый
федта, алкæй цæсгом дæр æм хицæнæй разынд æмæ рахатыди,
æхсызгон сын уыд, йе знагæй йæ маст кæй райста, уый, тыхджын
лæгмар æмæ уæйыгхоры сабыр лæг кæй афæлдæхта, уый. Æхсыз-
гон ын уыди, йæ хъæбулы марæджы зæххыл кæлдымау фæлдæх-
тæй кæй уыдта, уый, фæлæ йæ зыдта, — нæма у мард йе знаг, уый
иу цæстæй дæр уындзæн дуне, къуылыхæй дæр цæудзæн зæххыл
æмæ сæ байдзаг кæндзæн фыдбылыз æмæ хъизæмарæй. Никуы
уыд йæ зæрды лæгмарын Сырдонæн, фæлæ ныр йæ зæрдæйы
рæбын тæлфыд иу фæндиаг: марын хъæуы ацы куыдзы, науæд
ноджы стырдæр дудгæбонтæ æркæндзæн нæртон адæмыл уый ах-
хосæй!.. Афæнд кодта, йæхи цирхъæй уымæн йæ хурх слыг кæ-
нын, фæлæ йын йæ рæстаг æмæ нымайаг зонд бар нæ радта: хæс-
наг æртæ ’хстыл уыдтæ, хорз лæг, æмæ уыдонæй цы бакодтай,
уый дын барст, ногæй бавнал æрдæгмард лæгмæ, уый не ’мбæлы,
адæмы зæрдæ дыл фæхуддзæн!
Сырдон фæхатыд, Сосланы æрдын нырма йæ къухы кæй ис,
цирхъ æмæ фатдон йæ фарсмæ, куыддæр фæкъæмдзæстыг, йæ
хъæбулы мардмæ фæзылд, цалдæр къахдзæфы йæм бакодта, стæй
æрдыны кæрæттыл фæхæцыд мидæмæ, æрбацъæл сæ кодта æмæ
сæ фехста Сосланы ’рдæм:
— Ахæссут ацы куыдзы Сатанамæ, уый та йын исты хос кæн-
дзæн, мард нæ фæци!.. — хъыгзæрдæйæ сдзырдта Сырдон. — Уымæн
та ницы уыдзæн, фæлæ ма æз цы кæнон, хорз адæм, æз?! Мæ уды
иунæг æвзар куы бахус, мæ зæрдæйы къалиу куы асаст, мæ хуры
тын куы ахуыссыд... — ныббогътæ кодта Сырдон, йæ лæппумæ
йæхи баппæрста: — О, тæригъæдджын адæм, тæригьæдджын дуне! —
ныдздзынæзта Сырдон, йæ зонгуытыл æрхауд йæ лæппуйы раз
æмæ йæ цæнгтæ фехста арвмæ. — Ай мын мæхи къухтæ дæр ту-
джы куы сæвдылдтат!..
208
Ницыуал бафæрæзта æндæр сдзурын Сырдон, фыццаг ныд-
дæлгом йæ лæппуйы уæлæ, стæй афæлдæхт æмæ ратул-батул сис-
та зæххыл. Йæ комы фынк калди, йæ гæндзæхтæ цагъта, фæлæ
йæм æввахс ничи уæндыди, дзагьыр цæстæй йæм тарст адæм кас-
тысты æмæ сæхимидæг дис кодтой йæ масты æгæрон тыхыл —
афтæ хъæрзгæ æмæ дзыназгæ, ахæм хъизæмары ныххаугæ никуыма
федтой хъæбулы марды тыххæй нæлгоймаджы...
Сослан рохы аззад æмæ йæ йе ’мбæлттæ куыд ахастой сæ хæ-
дзармæ, уый зонгæ дæр ничи бакодта, иууылдæр сæ цæст æрæ-
вæрдтой Сырдоныл. Æрæджиау уый дæр æрсабыр, чидæр ыл дон
бакалдта æмæ уæд бынтон фынæйау ныцци. Уæддæр æм æввахс
ничи уæндыд, ныууагътой йæ йæхи адыл, æрмæст ахастой чысыл
Хурафарны йæ фыды хæдзармæ, йæ мады размæ.
Чи зоны, цас фæхуыссыд Сырдон уыцы ран иунæгæй, мар-
дыхуызæнæй. Куы ’рчъицыдта, йæ зонд йæ бынатмæ куы ’рцыд,
уæддæр ыл дуне талынг уыди æмæ йæм афтæ касти, цыма нырма
йæ цæстæй нæ уыны, йæ рис ын йæ цæсты рухс байста æмæ йæ
уæгъд нæма уадзы. Хуыссыд уæлгоммæ, сындæггай уæззау хъæрзт
кодта æмæ сидти кæмæдæр, хæдзармæ мæ ахæссут, зæгъгæ. Фæлæ
йæм ничи зынди, ничи йын хъуыста йæ сидт æмæ уæд бамбæрс-
та, иунæгæй кæй ис быдыры астæу. Уалынмæ йæ цæстытæм цы-
дæр рухс бакаст æмæ сæ уæрæх байгом кодта... Цин ахъазыд йæ
уæнгты... удæгас дæн, мæ цæсты рухс æрыздæхт! Уалæ стъалы-
тæ кæсынц арвы астæуæй æмæ тыбар-тыбур кæнынц, æрвыли-
зæр куыд у сæ ахуыр, афтæ... Ницы аивта дунейы, æрмæст нал и
Хурафарн!.. Аныгуылд мæ хур, баталынг, бахсæв, бамыр дуне!..
Нынниудта та ногæй Сырдоны зæрдæ, æрымысыд абоны хабæрттæ
æмæ уæд бæстон æрæздæхт ацы мæнг дунемæ, йæ хъуыды зæх-
хон сагъæстæм акъул. Æцæг, йæ цæсты къуырфытæ донæй ай-
дзаг сты æмæ ницыуал уыдта Сырдон, йæ къух сисынмæ, цæсты-
сыг æрсæрфынмæ та зивæг кодта, нæ йæм уыд нæдæр тых, нæ-
дæр фæндиаг. Æрзылд йæ иу фарсыл, стæй дæлгоммæ, æрмызт
йæ цæсты дон æмæ та уæд дзæбæх уынын райдыдта. Йæ къухтæ
зæхмæ фæцарæзта æмæ йæ зонгуытыл слæууыд... Цæуын хъæуы
нæхимæ... Уым Зæринæ иунæг куы уа йæ мард сабийы уæлхъус...
Тæригъæд у...
Тыхæй-фыдæй слæууыд Сырдон йæ къæхтыл æмæ рацыд сæ-
химæ, йæ хъæбулы мæрдадзмæ. Уæдмæ цæлхыдзаг мæй скаст
Уазайы хохы къæмбырæй, ныррухс и бæстæ, дыдзы рухсы ны-
гъуылдысты нæртон хъæутæ дæр, æрмæст иунæг Сырдон ницы уыд-
та, цыма мæйдар æхсæв хохы лæгæты арфы уыди, уыйау къуырд-
тытæгæнгæ цыди зæрдæаивæй йæ хæдзары ’рдæм, хъæдгæронмæ.
14 Сырлоиы цæссыгтæ
209
Дардмæ йæ базыдта Фатакуй æмæ йæ размæ алыгъд, йæ цур-
мæ куы баввахс, уæд йæ сæр ауагъта æмæ сæргуыбырæй, йæ ды-
мæг æнæбары тилгæ, бацыд, цыма дзы исты азымджын уыд æмæ
хатыр куырдта. Сырдон æм æркаст, йæ цæстысыг та цыхцыр
ныллæууыд æмæ йæ мидбынат æрбадт, ныттыхст куыдзыл.
— Нал ис Хурафарн, Урсдзых, нал!..
Кæуы Сырдон, йæ рус куыдзы русмæ бахаста, афтæмæй æмæ
Фатакуй дæр ныхъхъус, ныммыр, нындзыг. Чи зоны, тыхсти йæ-
химидæг, Сырдонмæ раздæр куы фæхабар кодтаид, уæд не ’рцыда-
ид ацы фыдбылыз, фæлæ ницы сарæхстæн, не скуыста ме ’дылы
сæр!..
Йæ зæрдæйы маст куы фæсабыр и, уæд айхъуыста Сырдон
æмæ йæ хъустыл ауад Алæгаты устыты кæуын. Зæрдиагæй хъа-
рæг кодтой устытæ æмæ Сырдон бамбæрста — Алæгон иунæг нæу, —
ныр куы бацæуа хæдзармæ, уæд йæ хъæбулыл æнæнымд хъарæг
ракæндзæн, нæ бауромдзæн йæхи æмæ уый та худинаг у адæмы
раз. Нæй мын цæуæн ныртæккæ уырдæм, фæлтау та ацæуон Ар-
паданы былмæ æмæ мæ фыдæн мæ судзгæ маст рахабар кæнон, чи
мыл ис æндæр мæтгæнæг...
Æмæ та араст сты Сырдон æмæ Фатакуй Арпаданы былмæ.
Ныр сабыр æмæ рæсуг уыди фæззыгон уазал дон. Æрхæндæг хæл-
хæл кодта æмæ тылдта йæ уылæнтæ дардмæ кæдæмдæр, ден-
джызмæ. Сырдон æмæ Фатакуй æрбадтысты донбыл иу тъæпæн
дурыл. Уазалы æрсабыр Сырдон æмæ йæ цæстысыг басур, фæлæ
дудыдта йæ зæрдæ æмæ уæззау тæлфтытæ фæлвæрдта хаттæй-
хатт. Сырдон касти уылæнты хъазтмæ рухсы цæстфæливæг фæл-
мы æмæ ноджы æрсабыр. Нал æй фæндыд йæ фыды хъыгдарын,
уымæ сидын, æмæ Фатакуйы йæ хъæбысмæ систа, афтæмæй бадт,
æнтьыснæг цæст нæ иста донæй.
Ницы загъта Сырдон йæ фыдæн, нæ йæм сидт, не сдзырдта йæ
ном, фæлæ базыдта фыды зæрдæ хъæбулы тыхст æмæ йæм рацыд
йæхæдæг. Сыстад та донæй æмæ бирæ фæкаст Сырдоны цæсгом-
мæ. Уый афтæ каст Сырдонмæ, æндæра, чи зоны, йæхимидæг
хъынцъым кодта æмæ Сырдонмæ кæсын йæ зæрды нæ дæр уыди.
Чи зоны, дзургæ дæр ницы скодта, фæлæ Сырдон бæлвырд фе-
хъуыста — загъта йæ фыд кæуынхъæлæсæй: «Цæй фыдæвзарæны
дæ ныппæрстон, мæ хъæбул, Нарты уæзæгыл дсе, гаггуччы лæп-
пынау, иунæгæй кæй ныууагътон, уымæй!.. Фæлæ ма дын цы
кæнон, уый дæ амонд фæци æмæ йыл хъæц, фæраз ын, хиз æй
адæмы хæрамæй, йæ сæрыл хæц канд зондæй нæ, фæлæ армæй
дæр... Тæригъæд хорз у, фæлæ хæрамзæрдæ уæздандзинадæй
нæ басæтдзынæ, тыхыл хæст лæджы тыхæй куынæ абырсай,
210
уæд афтсе æнхъæлы, тæрсгæ дзы кæныс æмæ ноджы къæйных-
дæр кæны. Дæхи дзы иуварс куы исай, уæд дæ тæппудыл ны-
майы. Иугæр афтæ у, уæд ын йæ тых тыхæй æмæ зондæй
бадом! Де знагмæ дæ цæст дар, йæ алы фезмæлд ын нымай æмæ
йæ уæгъд ма уадз: фыдбылызмæ хъавы — ды йæ разæй фæу æмæ
йæ абырс, куыд ницы хъом дын уа. Тæригъæд æмæ уæздандзина-
дæй нæ сæтшы, уæддзы тæригъæд нæй. Дæ фæтæригъæд стыр-
дæр фыдбылыз расайдзæн дæхицæн. Уый иу хатт бавзæрстай
æмæ дыл дыккаг рæдыд мауал æрцæуæд1..р
Сырдон ницы сдзырдта, æрмæст хъуыста. Чи зоны, хъусгæ
дæр ницы фæкодта, æнæуи йæм йæ зæрдæ дзырдта уыцы фæнди-
æгтæ, цы бæрæг и ?.. Фæлæ йæ масты судзаг куы æрысысти, уæд
раст ацы фæндиæгтæ айста йæ зæрдæмæ æмæ уæдæй фæстæмæ
уыдоныл амадта йæ царды фæнд.
Æртыккаг хабар
цнрхч» æмæ фшн#ыр
1
Сырдон иу къуырийы дæргъы кæм уыд æмæ цы ми кодта,
уымæн рæстмæ ницы хатыд. Дудыдта зæрдæ æмæ хъуыдыйы уыди
æрмæст мастисын, ныммарын, ныххурх кæнын. Кæмдæр йæ зæр-
дæйы рæбын ма дис дæр кодта йæхиуыл: ай æз дæр уыдонæй куы
дæн, — тугмондаг æмæ хæрамхæссаг, уæд ма сыл худгæ та цы
фæкæнын?.. Фæндыдис æй йæ зæрдæйы маст абырсын, фæлæ
йын ницы фæрæзта, æгæрыстæмæй Зæринæйы истæмæй барæвда-
уыи, уымæн йæ зæрдæйы æнцой балæууын дæр йæ бон нæ уыд
æмæ тыхсти, йæхи раппар-баппар кодта, фæлæ æрмæст йæхи исты
фыдбылыз саразынæй цы хызта, æндæр фылдæр нæ уыд йæ хъа-
ру. Æмæ йын уый дæр, чи зоны, хъæды кæй рафт-бафт кодта бон-
изæрмæ, уый фæрцы æнтыст.
Хъæды зылди Сырдон æнæисты нысан, кæдæм цыди, кæ-
цырдæм, уый дæр нæ зыдта, афтæмæй. Æмæ-иу æрыздæхт фæ-
сахсæвæр, бынтон-иу куы нытталынг, уæд. Фæндаг искуы ис, уый
дæр нæ хатыд, æрмæст бон-изæрмæ Фатакуй цыди йæ фæдыл æн-
къардæй, дымæгуагьдæй, изæры, куы-иу æрталынг, уæд та — Сыр-
дон. Уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй цыди йæ фæстæ мастæйдомд
лæг æмæ йæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыд — раст цæуы æви нæ,
ууыл батыхсын. Æниу раст уыди: Фатакуй талынджы уынгæ дæр
хуыздæр кодта, фæндаг дæр хуыздæр зыдта æмæ-иу æй цыфæнды
дард æмæ тарф ранæй дæр кодта комкоммæ йæ хæдзары размæ.
Иуахæмы та куы æрыздæхт, уæд ын Зæринæ æнкъардæй
йæ разы цыдæр къæбæртæ æрæвæрдта, йæ цуры æрбадти, æмæ
Сырдон чысыл куы фæхъуыртхъом, уæд ын афтæ бакодта:
— Нæ хуымы гæппæлтæ æнæтынд баззадысты æмæ худинаг
у.., Не ’ннæ сабиты та сыдæй куы амарæм, уæд ныл адæм къуып-
пæн зарæг скæндзысты... — йæ кæрдæны къалиуæй йæ цæсты
бынтæ асхъаудта æмæ ныссабыр ус.
212
Сырдон фæхъуыдыйыл, цыма æндæр бæстæй æрыздæхт,
уыйау фыццаг хатт йæ зæрдыл æрлæууыдысты ацы дуне, йæ хъæу-
бæстæ, йæ хуымтæ æмæ йæ сабитæ... Фестад æмæ къуыммæ 6а-
уад: уым кæрæдзийы фарсмæ иу нымæтыл, йæ зæронд уæлæф-
тауы бын фынæй кодтой йæ чысыл хъæбултæ — æртæ лæппуйы!..
Зæдты фынæй кæнынц!— стæлфыд йæ зæрдæйы кæрон рагон цин
æмæ Сырдоны цæсгом бахудызмæл. Цыма йæ удæй цыдæр стыр
къæдзæхы фæзгъæр раскъуыд, атылд кæдæмдæр коммæ, уыйау
ын фенцондæр. Йæ уæнгтæ фыццагау хаты, сабиты хуыссæнмæ
куы цыд, уæд сæргуыбыр уыд, йæ къахдзæф — уæззау æмæ æдых:
ныр фæстæмæ фынгмæ та цыди раздæры Сырдон — рог иста йæ
уæнгтæ, цыма йын нырмæ зæхмæ баст уыдысты æмæ феуæгъд ис,
фырцинæй йæ мондæгтæ исы цæуынæй, уыйау хаста йæ фидар
æмæ тыхджын уæнгтæ пакъуыйæ рогдæр.
Æрбадт фынгыл, иу æргом æмæ цардæгас каст фæкодта Зæри-
нæмæ æмæ ус бамбæрста — йæ лæг раудæгас æмæ та царды сагъæс
кæндзæн!.. Цины цæссыгæй айдзаг сты цæстытæ, Сырдон та афтæ
фенхъæлдта, йæ маст та æрлæууыди зæрдыл, фæтæригьæд ын кодта
æмæ йæ йæ дæларм æрбайста:
— Ма тæрс, ма ку, Зæринæ, мæнæ нын адон куы схъомыл уой, —
сæрæй ацамыдта фынæй сабитæм, — уæддæр фаг сты. Бæргæ куы
байрæзтаид...— йæ ном зæгъын йæ цæст нæ бауарзта, — фæлæ уый
ацы дунейæн æгæр хорз уыди... Уæддæр æй цæрын нæ ныууагъ-
таиккой, бахордтаиккой йæ, мастæй йæ бадомдтаиккой æмæ æгайтма
нæ бавзæрста дунейы æгæрон мæнгард царды æвæджиауы хъизæ-
мар... — Сырдон ныфсытæ æвæринаг уыд, фæлæ адзæгъæл йæ
сусæг сагъæстæ дзурынмæ æмæ йæхи зæрдæ суынгæг. Зæринæ
федта уыцы хабар æмæ йын йæ къухмæ бавнæлдта.
— Нæ хъæуы ууыл дзурын. Йæ амонд афтæ уыд, æвæццæгæн...
— Йæ амонд!.. — фестъæлфыд Сырдон. Йæ зæрдыл æрбалæу-
уыдысты Уырызмæджы ныхæстæ амонд æмæ ныхыфысты тых-
хæй. «Гæдыныхæстæ!» — ныккæрзыдта зæрдæ æмæ хъуамæ рай-
дыдтаид мæстæлгъæд ныхас, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд. «Цы код-
та ацы сылыстæг, уый аххос цыма у, ахæм ныхас æм цæмæн кæ-
нын?» Æргом та загъта:
— Амондæй нæу Зæринæ, Фыдæх адæм æй бахордтой, æндæр
ницы. Æмæ сын Хуыцау ныббардзæн, — уый дæр ахæмты фарс у! —
фæлæ мæ цæст цалынмæ æрттива, уæдмæ йын æз уыдзынæн туги-
сæг... — тæссаг ныхас кодта йæ лæг, фæлæ йæ Зæринæ хатыд,
æцæг дзуры, æртхъирæн нæ кæны, уæд тыхст æмæ хæрам хъæлæ-
сæй дзурид, Сырдон та уыд сабыр, йæ ныхас дæр зæрдæйы ри-
уыгъдæй иппæрд, ныллæг æмæ æгъуыз, цыма сæ карчы цъиутæй
213
фæззæгмæ цал аирвæздзæн, ууыл уыд йæ дзырд. Зæринæ уый
зыдта зæрдæйæ æмæ йæ хъуыды стыхст йæ дзыгуыры: ацы лæг
æвыдæй нæ ныууадздзæн йе зиæгты, æмæ та ныл ноджы ног фыд-
былызтæ æрцæудзæн!..
— Ныууадз, нæ лæг, мæнæ ма нын чи ис, уыдоныл хъæуы
хъуыды кæнын. Уымæн йæ амонд æндæр нæ фæци, æмæ цы кæ-
нæм, цы нæ бон у...
— Цы нæ бон у, уый сын æз равдисдзынæн... Раст дзуры мæ
фыд: хæрам адæмы уæздандзинадæй нæ басæтдзынæ! Тыхгæнæ-
джы тыхæй хъæуы бырсын. Тæригъæд дзы нæй, науæд фыдбы-
лыз лæгæн йæхиуыл цæуы! Ницы кæны, æз тæригъæд кодтон æмæ
йæ азарæй басыгътæн, фæлæ нырма удæгас дæн æмæ та нæ цар-
дæвзарæн быдырмæ хъæуы... Афтæ кæд нæ бастъæлид дунейы
рæстдзинад. Æниу ды раст зæгъыс: мæнæ нын чи ис, уыдоныл
хъæуы æрмæт кæнын. Фыдбылызы аз скодта æмæ адæм цæмæй
цæрдзысты, цы бæрæг ис? Ницы ис зæххыл — фос сыскъуыд,
хуымты ницы схауд, цæмæй цæрдзыстæм?.. Адæм кæрæдзи хæ-
рыныл куы суой, уымæй тас у. Фæлæ сын цы кæнон? — нымайы
Сырдон йæ мæтæйдзаг сагъæстæ æмæ Зæринæ иуæй цин кæны —
йæ лæг раздæхт царды фæндтæм æмæ та истæмæйты цæрдзысты! —
иннæмæй тыхсгæ: раст зæгьы нæ лæг, зымæджы астæумæ истæ-
мæйты аирвæздзысты, фæлæ стæй?.. Сæ тауинаг, сæ чысыл фосы
муртæ куы бахæрой, уæд ма уалдзæг цы таудзысты, кæм ма ссар-
дзысты хъуг кæнæ гал?
Бæстон фæныхас кодтой уыцы ’хсæв Сырдон æмæ Зæринæ сæ
царды боныл, сæ зымæджы хардзыл, сæ уалдзæджы хуымгæн-
дыл. Сырдон ацы къуыри кæд фынæйау уыди, уæддæр йæ хъуы-
ды сусæгæй архайдта царды фæндтæ кæныныл æмæ йын нымад
уыди йæ тыхсты хабар. Хуымтæ æрбæстон хъæуы, тæккæ райсом
сæм бавналдзæн. Фæлæ сæм тауинагæй уæлдай бирæ ницыуал
аззайдзæн æмæ зымæгмæ исты æрцæттæ хъæуы. Сæ родтæй дыу-
уæйы аргæвддзысты, фæлæ сын уый дæр кæдмæйы фаг суыдзæн?
Чи зоны, хорз уаид, Сагсуримæ цуаны куы ахæтид, сырдвыд куы
сцæхджын кæниккой афоныл, уæд истæмæйты кæд аирвæзиккой
уалдзæгмæ... Стæй уæд кæм кæрдæг уыдзæн, кæм — æхсыр.
Сагсуримæ бадзырдта: хъуццытæй иуæн дæр æргæвдæн нæй,
ратт дзы алы хæдзарæн дæр Алæгатæ æмæ Борæтæй, æртæ азы
æмгъуыдмæ, уый фæстæ дын сæ фæйнæ родимæ куыд радтой. Ды
бирæ ницы фæзиан кæндзынæ, адæм та ирвæзгæ акæндзысты.
Æрмæст уалдзæджы дæтгæ сты, куы ныззайой, уый фæстæ, на-
уæд æххормаг адæм нæ фæлæудзысты, аргæвддзысты сæ æмæ дæ
хæрзиуæгæй ницы рауайдзæн. Сагсур ууыл сразы, фæлæ Сырдо-
214
ны зæрдæ къæпп кæны: адæм куы стыхсой, уæд ма уалдзæгмæ
дæр чи фæлæудзæн, тыхæй бырсын райдайдзысты. Исты фæндтæ
хъæуы, цæмæй бынтон ма ныггалиу уой.
Цуаны цæуынæй хуыздæр ницы æрымысыд Сырдон, æмæ йæ
хуымы гæппæлтæ дæр нæма фæци тынд, афтæ фæндтæ кæнын
райдыдта Алафарн, Армимаз æмæ Сагсуримæ. Алафарн æмæ Ар-
мимаз фаттæ æмæ æрдынтæ аразынмæ бавналæд, Алæгатæ æмæ
Борæты фæсивæдæй гæрзтæ кæмæ нæй, иууылдæр гарзджын куыд
суой. Æхсын сæ ахуыр кæндзысты Сырдон æмæ Бурæфæрныг.
Уый дæр сразы, Сырдон ын фидарæй куы баныфсæвæрдта, зæгъ-
гæ, дын де знæгты æз базондзынæн, де ’фсины дын фæстæмæ
æркæндзынæн, уæд. Сразы æппæтылдæр: фæсивæды гæрзтимæ
архайыныл ахуыр кæнын, æниу йæхæдæг дæр мæнæ хæцæны
лæгтæй нæ уыд, фæлæ арæхсгæ кодта; галтæ æмæ хъуццытæ уал-
дзæг адæмыл байуарыныл — хъуццытæ æртæ азы ’мгъуыдмæ, гал-
тæ æрмæст хуым кæнынмæ, уый дæр иу уалдзæг æрмæст...
Фæцыд фæсивæды зæрдæмæ дæр ацы хабар æмæ иу къуы-
рийы фæстæ иумæ тынд фесты сæ хуымтæ дæр. Сырдоны фæн-
дæй кæрæдзийæ нал хицæн кодтой — иууылдæр ацы тыхст рæс-
тæджы сæхи æмхуызон банкъардтой иунæг æмæ æдыхæй, иумæ-
иу куы уыдысты,. уæд ницæмæй тарстысты, хицæнтæй алчидæр
цыдæр фыдбылызæй тарст æмæ йæ зæрдæ уынгæг кодта. Уыйа-
дыл сæ тас æрæмуд кодта, ноджы ма сын хистæртæй уынаффæгæ-
нæг куы фæци, уæд бынтон нал хицæн кодтой кæрæдзийæ æмæ
зылдысты хуымтыл, тыдтой сæ, уыгæстæ амадтой, ласгæ æмæ, дам,
сæ най та уæхæдæг кæнут! Бурæфæрныг йæхи армæй баифтыгъта
йæ галты æмæ ласæн кодта фæсивæдæй кæйдæртимæ. Иугæр ын
фыццаг йæхи хуымтæ куы бафснайдтой, уæд йæхи нал басаста
æмæ куыстыл йæхи ирхæфста, йæ зæрдæйы мастæй йæхи иппæрд
кодта. Ноджы ма йын Сырдон куы баныфсæвæрдта, уæд чысыл
фæрогдæр йæ зæрдæ æмæ кусынмæ зæрдиагæй бавнæлдта.
Хъуыддаг, Сырдон æнхъæл куыд нæ уыд, афтæ хорз рауад.
Хуымты цы муртæ æрзад, уыдон уайтагъд бафснайдтой: фæсивæд
кæрæдзи хынцмæ æзхуыздæронæй тындзыдтой куыстыл æмæ сын,
сæ бон цы нæ уыд иунæджытæй, уый дæр æнтыст. Æрæгвæззæ-
джы фаднизæн йæ кой дæр нал уыд, фæлæ ма уæддæр Бурæфæр-
ныг йæ галтæн тарст æмæ сын сæ къæхтыл нымæтæй дзабыртæ
дардта, — уый Сырдоны уынаффæ уыд, науæд Бурæфæрныг йæ ’
галты æддæмæ нæ уагъта, низ, дам, сыл бахæцдзæн! Хъуццыты
бынтондæр мидæг дардтой. Адæмы фос сыскъуыдысты æмæ хос
уыди бирæ, фæстæмæ дæр ыл ничиуал хæцыди, цæмæн ма сæ хъуыд
æмæ Фæрныджы фос ницæуыл тыхстысты — хос сын фаг уыд.
215
Бафснайдтой хуымтæ, хостæ дæр фæластой Фæрныджы скъæ-
ты цурмæ, уæдæ цы, æмæ уый фæстæ хистæртæй алчи йæхи цар-
ды кой кодта, фæсивæд та Сырдон, Сагсур, Алафарнимæ цуаны
цæуын систой. Ардагъу æмæ сын Армимаз та æрвылбон сæ гæрз-
тæ дзæбæх кодтой, ногтæ сын арæзтой æмæ æрвылизæр та цæлы
фынгыл бадтысты. Алы изæр дæр-иу цуанонтæ æрыздæхтысты,
сæ амæттаг-иу цы баци, уый хастой иумæйаг къæбицмæ. Къæбиц-
гæс баурæдтой Бурæфæрныджы æмæ уый цæхджын кодта цал-
дæр лæгимæ сырдвыд стыр цæхгæрты. Æфсинтæн хъуццытæ нал
уыд æмæ радтой сæ хæндгуыты тъæпæнджытæ, сырды фыд æвæ-
рынæн иттæг хорз разындысты.
Сырдонитæ цуан кодтой æртæ къордæй. Цы ардтой, уый сын
уыди иумæйаг, стæй сæхицæн нæ, фæлæ æнæхъæн дыууæ Нартæн
дæр. Æхсæртæггатæ æцæг сæ сæрмæ не ’рхастой фыййæуттæ æмæ
зæхкъахджытимæ цуаны цæуын — мах, дам, нæхæдæг исты амал
кæндзыстæм, дуне уæлгоммæ у æмæ дзы мах фаг кæддæриддæр
разындзæн!.. Фæстагмæ сæм Фæсхъæуы Нарт дæр æрбаиу сты,
æмæ Сырдоны зæрдæ уæды хуызæн никуы барухс. Фыццаг хатт
уыдта нæртон адæмы æмуд æмæ æмвæндæй, уæлдайдæр фæсивæ-
ды! «Ныр ма Æхсæртæггаты лæппутæ дæр немæ куы уаиккой,
уæд нын цы уаид, чи ныл фæтых уаид, кæнæ цы фыдазæй фæтæр-
сиккам?! Нæхи фаг дуры гуыбынæй дæр ратона кæниккам æмæ
никæмæ хъæуид тыхæй лæбурын дæр æмæ хæлæг кæнын дæр!
Раст у, гуыппырсартæ сæхи стонгæй нæ амардзысты — зæххыл
уыдзæни æнæхæрд бæстæтæ, ацы низ дæр алы ран кæм уыдаид,
стæй хор дæр æрзадаид искуы, дуне æмхуызон кæм фесæфтаид,
æмæ та лæбурдзысты, исдзысты тыхæй, фæлæ нæ цæмæн хъæуид
уый сæр? Нæ фæсивæдæй та цал цæрынхъуаджы нал сæмбæл-
дзæн йæ фыды уæзæгыл, цал мад æмæ фыды та баззайдзысты
æнæдарæгæй æмæ цæй тыххæй, сæ гуыбыны хардз искæмæй ты-
хæй байсыны фæдыл!
Цалынмæ мит суанг кæмтты рæбынтæм не ’рхæццæ, уæдмæ
цуан кодтой иумæ, стæй ма æрмæст хуыздæр арæзт чи уыд, уыдон
цыдысты, иннæтæ сæ ныфс нал хастой бæрзонд æфцджытæм,
Сырдон дæр сæ нал уагъта, йæхæдæг дæр нал цыди. Йæхимидæг
хъуыды кодта, ома та фæстæдæр, мит куы фæхъæбæр уа, зæйтæ
куы ’рцæуой, уæд цуан кæндзыстæм, ныр та уазалы ныссæлдзыс-
ты мæгуыр лæппутæ, стæй зæйæ дæр тас у æмæ уал фæгæдзæ
кæнæм. Дыууæ мæйы æмудæй фæцардысты æмæ сæ нал ферох
уыдзæн, сæ зæрдыл æй дардзысты, тырндзысты йæм ногæй. Уый
бæргæ хорз рауад, кæд афтæ ахæссой ноджыдæр, уæд сæ, чи зоны,
бахиза лæг фыдæх æмæ хæрамы азарæй, куы нæ ныйиутæ уой, уæд
216
сын æнцондæр уыдзæн сæ хъыджы бон дæр, сæ цины дуджы дæр...
Иугæр цуанмæ цæуынæй куы фæиппæрд Сырдон, уæд та йыл
æртæфст йæ лæппуйы зиан æмæ йæ зæрдыл æрæфтыд сабитæн
æмбæхсæны бынат саразын. Бирæ фæхъуыдытæ кодта æмæ ныл-
лæууыд ахæм фæндыл: ме ’рвадæлтæй дзæгъæлдзутæ бирæ ис,
хæлæг, мæсты адæм дæр дзы ис. А Сослан дæр афтæ нæ ныууадз-
дзæн йæ маст, агурдзæн мæ фаты бырынкъæй, карды комæй, ца-
лынмæ йын йе ’ннæ цæст дæр не скъахтæуа, уæдмæ... Æмæ дзы
мæ сабиты мæхæдæг куы нæ бахизон, уæд сæ иугай бахæрдзæн...
Æмæ сарæзта Сырдон йæ хæдзары къулы æмбæхсæн йæ саби-
тæн. Къул дыууæ кауæй уыди конд æмæ дзы мидæгæй дуар балыг
кодта, бынæй хæрдмæ исгæ. Сабитæн сæ бон уыд уым æмбæхсын
исты тасы рæстæджы. Дуар афтæ æнгом арæзт уыд, æмæ йын
къулæй ницыхуызы уыд равзарæн. Æддагон цæст æй ницæмæй
фæфиппайдтаид. Арæзт ын куы фæци, уæд æрсабыр Сырдоны
зæрдæ: ныр хæдзары куы нæ фæуон, афтæмæй исты тас куы уа,
уæд сæ сæ мад бамбæхсдзæн æмæ сæ хæйрæг дæр нал ссардзæн.
2
Фервæзт уыцы тасæй дæр Сырдон æмæ уæд æрымысыд йæ
фыды фæдзæхстытæ. Иу дзы уыд — знагмæ цæст дарын. Æмæ
иуахæмы Сырдон араст Æхсæртæггаты ныхасмæ æд лæдзæг.
Бирæйæ бадтысты Æхсæртæггатæ ныхасы. Сæ тыхджындæр-
тæ иууылдæр уым уыдысты. Сырдон сын «Уæ изæр хорз» куы
загъта, уæд ын æнæбары салам радтой æмæ та алчи йæхи ныхасы
кой райдыдта. Цы сæм хъуамæ сдзырдтаид Сырдон, кæронæй
æрбадт, йæ лæдзæг йæ уæхскмæ сбыцæу кодта, афтæмæй лæууы-
ди æмæ цыдæр къæцæл амадта кардæй. Афтæ зынд, цыма Сырдон
æрмæст къæцæлимæ архайы, фæлæ уый лыстæджытæ нымадта
адæмы ныхæстæ... Цæуылдæр тыхджын быцæу кодтой гуыппыр-
сартæ æмæ сæм бæстон хъуыста Сырдон: йæ бацыдæй фæстæмæ
дæлгоммæ фæлдæхт уыд сæ ныхас, ома йæ Сырдон ма базона. Йæ
бацыд сын хъыг дæр уымæн уыд — нæ сæ фæндыд, уый дæр куы
базонид сæ быцæуы сæр.
Фыццаг сын æцæг ницы хатыд Сырдон, фæлæ куы бамæст-
джын сты, уæд æй Сослан фергом кодта:
— Æз разы нæ дæн! Æз мæ туг калон æмæ дзы исчи та бур
физонджытæ хæра, уый мæн ницæмæн хъæуы! Алчидæр кæд лæг
у, уæд амал кæнæд йæхи фаг! Æз искæмæн æххуырст нæ дæн! —
тыфылтæ калдта тыхджын, фæлæ æдылыдзæф хæстон лæг.
— Лæппу! — мæсты хъæр ыл фæкодта Уырызмæг. — Уый та
217
дын цы ныхас у.' Йæ хæдзары лæг кæмæн нал и, демæ балцы чи
бабын, уый бинонтæ та цы ми хъуамæ кæной? Æви сылгоймæгтæ
æмæ зæрæдты цæуын кæныс балцы?!
— Уый мæнмæ нæ хауы! Кæй кæм хæра, уым ныхдзæн!.. Ныр
искæмæн йæ бон сыстын нал у фырзæрондæй, уæд æй æз, сывæл-
лонау, æддæмæ дардзынæн æви куыд?! — фæтъæлланг кодта Сос-
лан æмæ йæ иунæг цæстæй масты цæхæртæ акалди. Йæ мæнг-
дзæсгом йæ уæлæ нæ уыд æмæ йæ рувасы цæсгом ноджы ныц-
цыргъ, ныббырынкъ ис. Сырдон æм зулмæ бакаст аивæй æмæ та
йæ раздæры хъуыды сæры февзæрд: ай, йæ зæронд мад æмæ фыды
дуармæ чи ратæрдзæн иу зымæгон бон, ахæм фыдбылызы гуырд у
æмæ йæ æрмæст Уырызмæг нæ уыны, иннæтæ йæ зонынц æмæ
дзы тæрсынц, æндæр дзы тыхæй бирæ ничи баззад фæстейæ.
Уырызмæг хорзау нал фæци: ныр йæхæдæг дæр зæрондыр-
дæм фæкъул æмæ йын цыма йæ лæппу фидис кодта, афтæ йæм
фæкасти. Тынг смæсты, фæлæ йын йæ цæстмæ цы бадардтаид,
уый не ’рцахста йæ зонд æмæ бахъуыр-хъуыр кодта уайдзæфæн:
— Гъе æмæ лæуу! Ничи дæ кæны тыхæй! Цу, æмæ дæхæдæг
цуан кæн, мах дæ сæр мур дæр ницæмæн хъæуы, фæлæ нæ искуы
дæхæдæг агурдзынæ, багъæц! Ды нын куы нæ уыдтæ, уæддæр
балцы цæуаг уыдыстæм æмæ, Хуыцауæй бузныг, афтид армæй
никуы здæхтыстæм. Ныр кæд дæу махимæ нæ фæнды, уæд æй
кæн дæхæдæг, æрмæст мах мацæуыл бадом... Цу, фæндараст у!..
— Æз ацæудзынæн, фæлæ мæгуырдæр уæхæдæг, искуы уæ æнæ
мæн уæйгуытæ иу уæхстыл сфизонæг кæндзысты... Уæ агурын та
мæнмæ кæсы æмæ мæ уый маст и, æндæра цыфæнды кæнут, —
худы æргомæй Сослан.
— Ма нын тæрс, фæлæ дын дæхи куы бакæной уæхстыл, уæд-
иу махæн мауал уайдзæф кæн: дæхæдæг дæхи рахицæн кодтай дæ
мыггагæй!..
— Гъе, æмæ уæдæ уæртæ Сырдонимæ цæут балцы æмæ фосар-
мæй æрыздæхат, æндæр аккаг дæр не стут! — фæстаг уайдзæф
бакодта Сослан æмæ йæхи ныхасыл худæгæй бакъæцæл. Хъыг
фæкаст Сырдонмæ æмæ нал фæлæууыд, æцæг, йæ бынатæй змæл-
гæ дæр нæ фæкодта, фæлæ йæм бадзырдта уæндонæй:
— Нæ, зылынкъах, афтæмæй мын нæ аирвæздзынæ... Мемæ
хъуамæ уай ды дæр, æмæ мæнæ, хъæубæсты куыд бынмиз дæ,
афтæ разындтæ балцы дæр, уæд дын де ’ннæ цæст дæр хъуамæ
скъахон, æвзæр уæныгау та дæ хъуамæ хойгæ ныккæнон, стæй дæ
афт;æмæй дæ фыдæн ныффæлдисон, сау хæрæг!
— Гъæтт, хуымы уыры, ноджы ма мын фидистæ кæныс! — фел-
вæста йæ цирхъ Сослан, фæлæ йыл уайтагъд Сырдоны лæдзæджы
218
цæф сæмбæлд, цирхъы хъæд къухæй фæцъелф кодта æмæ зæххы
абадт. Сырдон цирхъыл къахæй æрлæууыд æмæ Сосланы лæ-
дзæджы бырынкъæй асхуыста иуварс:
— Сыбыртт, хæдмæлхор! — сабыргай йæм бадзырдта. — Цæугæ
æмæ райсоммæ цæттæ куыд уай балцы цæуынмæ! Уырызмæг не
’ппæты хистæр у æмæ уый загъта, уæд — сыбыртт, науæд æй зон:
ацы лæдзæг æз дæ хуыйы бæрзæйæ никуыуал раздахдзынæн!..
Ныры онг дын кæстæры хатыр фæкодтон, ныр мæ кæстæры кæм
бахордтай, уым дын хатыртæ нал и... Цæугæ!
Хорз уыд æмæ Сослан æцæг цæуынмæ фæци, — йæ фæнд уыд
згъæр скæнын, фат æмæ æрдын рахæссын, Сырдоны бахсын æмæ
ныммарын, фæлæ хæдзармæ куы бацыд, уæд Сатана йæ размæ
фæци æмæ йæ нал рауагъта. Нæ йын бакоммæ кастаид уымæн
дæр, фæлæ йын бацамыдта, йæ маст куыд исгæ у, уый æмæ йæ
зæрдæмæ фæцыд мады фæнд: ацу балцы æмæ йæ уым уæлбæхæй
нæмгæ цу, Сырдонæн бæх нæй, фистæг уыдзæн æмæ дзы дæ маст
сис дæ зæрдæйы фаг! Уым йæ фарс чи фæуа, ахæм дæр ничи
уыдзæн... Ам æй сусæгæй бахс æмæ амар, уый ницы мастисæн у,
стæй йе ’фсон дæр дæу цæмæн хъуамæ уа? Балцы мард куы фæуа,
уæд та адæм зæгъдзысты: кæмдæр хыл æрцыд уæйгуытимæ æмæ
Сырдон фæмард, рухсаг уæд!..
Дыккаг бон æхсæвыцъæхæй араст Сырдон дæр фистæгæй бал-
цы. Разæй цыди сындæггай Уырызмæджы фарсмæ. Стæй фæси-
вæд фæцагайдтой сæ бæхтæ æмæ аразæй сты, æгæрыстæмæй Хæ-
мыц дæр, æмæ ма Сырдон æмæ Уырызмæг цыдысты сабыргай,
ныхасгæнгæ. Разæй фæсивæдимæ уыди Сослан дæр æмæ Сырдон
уыйадыл цыд æдасæй. Зыдта йæ, цыдæр ыл сфæнд кодта, æгæр
æрсабыр, æмæ йæм йæ цæст дардта. Ныр иугæр адард, уæд дзы
тас нал у æмæ Сырдон цыди æвæлмонæй, Уырызмæджы æгъдæн-
цойыл хæцыд галиу къухæй, рахизы та йæ болат лæдзæг хаста.
Æрфæн зондджын æмæ уайаг бæх уыд, фæлæ дзы Сырдон фæс-
тейæ нæ зади æмæ цыдысты æмдзу бæхтау, фæрсæй-фæрстæм,
æвæллайгæ. Хаттæй-хатт-иу Æрфæн фæстæмæ фæкаст æмæ-иу
бамыр-мыр кодта. Сырдон æй æмбæрста, уымæ дзуры, ома кæд
бафæлладтæ, уæд дæм фæлæууон. Æмæ-иу æм бахудти, ома æй
кæн, тас мын нæу, æййафын дæ!
Дард фæндаг уыди ’мæ Уырызмæг никуыдæм тагъд кодта, са-
быргай нывæзта йæ ныхас:
— Ацы хатт дæ тынг райгонд дæн, фыццаг хатт рацыдтæ мемæ
балцы, æмæ мын æххуыс цы дæ, фæлæ мæ дзырдæй кæй ирхæф-
сыс, мæ фарсмæ кæй лæууыс, уый дæр мын стыр ахъаз у. Бæлц-
цон лæг дæр айдагъ цонджы тыхæй бæлццон нæу, исты ма дзы
219
фæхъæуы æмæ уыцы истыйæ та мах Сырдонæй рæвдздæр дуне-
йыл не ссардæуыдзæн! Ды ма, ацы хаттау, раст зондыл хæст куы
фæуыдаис, уæд нæ дыууæйæн тыхгæнæг тых не ссарид! Мах хуы-
зæн дыууæ æфсымæрæй арс дæр тæрсы! — мæнгæй нæ дзырдтой
нæ фыдæлтæ. Фæлæ мæн уый амонд нæ фæци... Хæмыц у, æмæ
йæ иунæг Хуыцау сылтыл сардыдта, даргъдзыккуджын кæм фены,
уым дзы алцыдæр айрох вæййы — намыс дæр, хæдзар дæр, мыггаг
дæр æмæ уымæй цæй ныфсы лæг ис, дæ хорзæхæй?! Ды ма мын
дæ æмæ дæу дæр иунæг Хуыцау фыдзондыл сарæзта, коммæ нæ
кæсыс, лæджыхъæдæн аргъ нæ кæныс. Афтæ нæ зæгъын, уый дæ
нæ домын æмæ мæнау цирхъы фистоныл æвæрд уа дæ арм, фæлæ
мемæ уæддæр цу, гормон, æмæ дын искуы куы фæмард уон балцы
рæстæджы, уæд дæ тугисын кæмæй хъæудзæн, уый уæддæр зо-
най. Нæй, ды дæхи дард ласыс, цыдæр маст хæссыс де ’фсымæр-
тæм, дæ зæрдæ сæм нæ дæттыс, нæ сæ уарзыс æмæ афтæмæй
цæрæн ис?
А кæстæр фыд-зонд у æмæ йæм æз мæхæдæг дæр тынг мæсты
кæнын, фыдбылызы гуырд у, фæлæ йæм ды дæ къух райсай, уый
раны дын нæй. Стыр маст дын скодта, фæлæ кæд барæй нæ уыд,
уæд та?.. Ды та йын йæ цæст скъахтай æмæ иудзæстыг лæппу,
уый цахъхъæнæй... Сау зæрдæ дæм дардзæни, уæдæ цы... Фæлæ
уый дæр куы ’ррæвдауис, махмæ дæр дæ зæрдæ куы раттис, уæд
не ’ппæтæн дæр хуыздæр уаид, ме ’фсымæр. Уый хъуыдиаг у!..
— Æз уæ цæуылнæ уарзын?! — мæстæлгъæд худт бакодта Сыр-
дон æмæ йæ цæсты тигъæй фæкаст Уырызмæгмæ. — Уымæй дæхи
куы бафæрсис, уæд хуыздæр уаид, уæд æй тагъдддæр бамбарис.
Æцæгдæр, иу мад нæ куы ныййардта, уæд мæ цæмæн рауæлдай
кодтат ды æмæ Хæмыц? Æрхæссæггаджы ном мыл цæмæн сæвæрд-
тат?.. Æви æз искæмæй фыдуынддæр дæн, магусадæр, æдылы-
дæр? Æви уæм искуы мæ номыл худинаг æрхауд? Ахæмæй дзы
ницы ис. Сырдон тæппуд у, Сырдон карчы цъиуæй æдыхдæр!
Сырдон гæрзтимæ архайын нæ зоны, нæ рæстæг та, нæ дуг та
тыхы дуг у!.. Уый — уе ’фсæнттæ! Æмæ дзы цы ис раст? Кæд мæ
федтай, ме ’фсымæр, ме знагæй лидзгæ кæнæ тæрсгæ? Никуы..
Æви уæ фаджысырагъæй фæтарстæн?.. Æви уый мæнæй рæст-
дзæвиндæр разынд? Уыдон дæхæдæг федтай, уæддæр мæн тæп-
пуд æмæ хуымы уырыйæ тонут, уемæ искæй марынмæ кæй нæ
цæуын, уый тыххæй. Ныр мæнæ цæуын!.. Уый дæр та æрхастон
мæ сæрмæ! Фæлæ æз искæй нæ амардзынæн, ма тæрс!.. Мæнæн а
зæххыл иу знаг ис æмæ уый у дæ лæппу, мæ хъæбулы марæг!
Иннæ та у, чысылæй фæстæмæ ме рагъæй йæ лæдзæг чи нæ иста,
уый — Хæмыц... Куыд сæ бауарзон, бацамон мын? Науæд сын цы
220
кодтон? Йæ цæст ын скъахтон? Йæ зæрдæ йын кæй не скъуыхтæ
кодтон, ууыл хъуамæ кæнис дис, ме ’фсымæр, ууыл, фæлæ ды
дæр раст лæг нæ дæ!.. Дæ ныхасæй де ’цæг хъуыдытæ æмбæхсыс,
науæд æй хорз зоныс: кæрæдзи нæ уарзæм, нæдæр нын кæрæдзи
бауарзæн ис æрмæст иу хъуыддаджы тыххæй — æз сымах хуызæн
кæй нæ дæн æмæ кæй нал суыдзынæн, сымах та — мæ хуызæн!
— Хуыцау бахизæд ахæм æнамонддзинадæй! — хъæрæй ных-
худт Уырызмæг. Абон йæ дзæбæх зæрдыл ис æмæ дзырдарæхст у. —
Уырызмæг Сырдоны хуызæн ысси, уæд йæ быны райдыдта дзыс-
си!.. Ха-ха-ха! — ныххудт ноджы тынгдæр Уырызмæг йæхи хъæл-
дзæг ныхасыл.
Сырдон æм кæсы фæрсырдыгæй æмæ хъуыды кæны: цы йæм
дзурон? Уымæ æцæг кæсы æнамонддзинад мæ хуызæн уæвын æмæ
йæм цы хъыг кæнон?.. Уæддæр ницы бамбардзæн мæ ныхæстæй,
цалынмæ йыл æрцæуой æмæ сæ йæхæдæг бавзара, уæдмæ...
— Дæ хорзæхæй, мæ зондджын æфсымæр, Гæтæджы уæлеон
бындар, ноджы ма мын истытæ радзур, хорз мæ фæхудын кодтай
æмæ дæ бузныг дæн, фæлæ фæндаг дардыл у æмæ нæхи истæ-
мæйты ирхæфсæм, уæдæ куыд...
— Уымæй раст зæгьыс, фæлæ ныр сихорафон сси æмæ дæ
бæхæй нæма ’рхызтæ. Æрфæн дзурын нæ зоны, ницы дын бауай-
дзæф кæндзæн, фæлæ дæхимæ уыйбæрц зонд куыд нæй?.. Æр-
хиз, кæд мын фистæгæй хуыздæр æмбарис мæ ныхас дæр, — са-
быргай дзуры Сырдон æмæ Уырызмæг сразы.
— Уымæй раст зæгъыс, ме ’фсымæр, фæлмæцгæ дæр акодтон
уæлбæхæй, раст дын куы зæгъон, уæд балцы цæуынæн æгæр фæ-
зæронд дæн, фæлæ æнæмæн исты куы ’рцæуа фæсивæдыл, уымæй
тæрсын...
— Мæнг та зæгъыс ам дæр, ме ’фсымæр. Уымæй нæ тæрсыс,
ды тæрсыс, мæ хуызæн куы суай, уымæй: Уырызмæг балцæн нал
бæззы, уæд æй хъуыды дæр нал кæндзысты Нарты фæсивæд...
Мæн ма æндæр истæмæйты афæрсынц: куы сын хосгæнæгæн ба-
бæззын, куы æлвæст æвæрæгæн. Ис ма дзы ноджы æндæр хъуыд-
дæгтæ дæр, фæлæ ды та цæмæн бæззыс, балцы куы ныл хъæуа дæ
сæр, уæд? Уæд уыдзынæ ды хуымæтæджы зынсæттæн къуыдыр
æмæ дæ иу бон искуы къуыппæй ратулдзысты, цæмæй дæ фервæ-
зой! — ныр худти Сырдон йæ фарсмæ цæуæг Уырызмæгыл æмæ
уый ныджджих, афтæмæй хъуыста. Æвæццæгæн, йæхæдæг дæр
сагъæс кодта ацы хабарыл æмæ уыйадыл йæ зæрдæ ныттар. — Мæ
хуызæн суæвын дæ кæй нæ фæнды, уый раст у, фæлæ уæгъды
бæллыс, æз дæ хуызæн куы суаин, уымæ дæр... Уæд æз дæуæй
тыхджындæр уаин, — æз кæстæр дæн! — æмæ дæ æрвылбон нæ-
221
мин, дæ боцъотæй дæ ралас-балас кæнин æмæ ма уæд худис?..
Нал. Фæлтау куыд стæм, афтæмæй баззайæм: ды — ныхджын,
тыхджын, æз та — гуыппырсартæн къæхтæсæрфæн æмæ цумагæ-
нæн!.. Худ, цин кæн æмæ кув, цæмæй дæ хуызæн ма суон, ууыл!
— Хуыцау бахизæд ахæм æнамонддзинадæй дæр! — сразы
Уырызмæг. — Ныр дæ бон ницы у, афтæмæй дæр нæ цæлæнцой
нæ уадзыс, æмæ ма дæм мæ цонджы тых æмæ мæ ныфсхаст куы
уаиккой, уæд мæ хæрæджы ифтыгъд скæнис æмæ мæ хъæдгæрон
дæ еууы хуым дзывырæй бакæнис!.. Худын ма мæ æндавид! —
Уырызмæджы зæрдæхæлар мидбылты худт бæзджын рихиты бын
ферттывта, рувасы къæдзилау фæззыгон хъамылы, стæй зачъеты
хæмпæлы амбæхст.
Иучысыл адагыл бахызтысты æнæдзургæ æмæ Сырдон ахъуы-
ды кодта, амæн хъуамæ йæ бон базонын кæнон. Хæмыцы над ын
хъæуы æнæмæнг! Сырдон цыма истæмæй фæтарсти, уыйау йæхи
бамæгуыргъуыз кодта æмæ афтæ зæгъы:
— Кæс-ма, Уырызмæг, далæ хъæды сæрмæ, кæронмæ æввахс,
мигъы къуыбар сыстад æви, мыййаг, тыхгæнæг исчи æрбацæуы
æмæ сæ къæхты рыг фæцыд арвмæ?
Уырызмæг ныккаст цымыдисæй мигъы къуыбармæ йæ армытъæ-
пæны аууонæй æмæ ныххудти, стæй дзуры, йæхицæй тынг буц
аци, афтæмæй:
— Кæсыс, мæ зондджын æфсымæр, тыхы раз зонд куыд ницы
кæрды!.. Æрвгæрон цыдæр аууон ауыдтай æмæ дæ зонд айсæфти.
Нырма никуы бæхы хуыррытт, никуы ехсы цъыкк, афтæмæй дæ
бын суымæл кодтай. Ныр уагæры æцæг куы фæзынид дæ разы уæй-
ыг, уæд цы ми кæнис?.. — Уырызмæг раздæхт Сырдоны ’рдæм. —
Знон хъæды лæнчы кæмдæр мигъы дзылар ныббадт, сихоры ’рдæм
йæхи систа хурмæ, уалæ уæларвы зæдтæм фæцæуы, ды та дзы
тæрсгæ кæныс!.. — Зæндтæ амоны Уырызмæг, фæлæ Сырдон уæд-
мæ арс фестади æмæ ма иу хъæр фæкодта:
— Арс, арс!..
Уырызмæджы хъустыл чъылдымырдыгæй арсы тыхджын ры-
хын ауад æмæ йæм фæзылд. Раст уыцы сахат йæ фындзыл сæм-
бæлд арсы комытæф, судзаг хъылмайы тæф æмæ Уырызмæджы
хъæбатыр зæрдæ бауынгæг. Февнæлдта йæ цирхъмæ, фæлæ уæз-
зау дзæхст сæмбæлд йæ галиу æхсæрфарсыл æмæ йæ цæстытæй
ницыуал ауыдта. Хъуамæ фæхъæр кодтаид, фæлæ ма йæ хъæлæ-
сæй цыдæр хъазы сыф-сыфау райхъуыст, æндæр ницы — æфсæр
фæзщлын, æвзаг комы ныххаудта!.. Сæфдзынæн! — ахъуыды код-
та Уырызмæг æмæ ма фæхатыд, Æрфæн ын йæ армæй идоны рох-
тæ куыд стыдта, уый, стæй ма дардæй йæ хъустыл ауад бæхы
222
тарст мыр-мыр. Æвæццæгæн, арс уый сурынмæ фæци æмæ уæд
мах фервæздзыстæм, фæлæ бæх тæригъæд у!.. Иæ хъуыды кæ-
ронмæ нæма ахæццæ, афтæ та Уырызмæджы рахиз æхсæрфарсыл
ноджы тыхджындæр цæф æруад æмæ ма Уырызмæджы зонд иу
пæртт фæкодта: «Авд арды фыдæх ссар, кæд мын ныр та мæ дзо-
ныгъ нæ раст кæныс!..»
Æрæджиау æрчъицыдта Уырызмæг æмæ уыны: бæх хизы йæ-
хицæн нæууыл, Сырдон лæууы йæ уæлхъус, йæ цъæх нымæтху-
дæй йыл дон уадзы æмæ кæуæгау кæны йæхимидæг, тынг хъæрæй
нæ, фæлæ йæ Уырызмæг куыд хъуса:
— Уый дын цытæ бакодта Хуыцауы сафинаг арс, мæ хъæбатыр
æфсымæр!.. Уæй, мæ фæрстæ дын фехæлой, мæ зæрдæ дын ато-
на, мæ кады мæсыг, мæ цæугæ хох, мæ зилгæ къæдзæх, мæ уал-
дзыгон нæудзарм!..
Уырызмæг йæхимидæг бахудт: ацы куыдз мыл фæради, æндæ-
ра ма исчи афтæ дæр кæуы — «мæ уалдзыгон нæудзарм!..» Афтæ-
мæй мæ зымæгон миты хъæпæн, сæрдыгон фаджысы рагъ дæр
рахондзæн! Æниу мын хъæугæ кæны, цы уынгæджы мæ сæр фæци,
,цы ’ппæлинаг мæ уыди! Хорз у æмæ мын уыцы арс мæ дзоныгъ
фæстæмæ сраст кодта, æндæра зылындзыхæй баззадаин æмæ мыл
адæм сæхи худæгæй хастаиккой...
— Дæхи ма амар, ме ’фсымæр, фыркуыдæй, ницы мын у, схæц
мыл æмæ мæ бæхыл сæвæр, стæй уæд нæ фæндаг дарддæр кæ-
нæм, не ’мбæлттæн сыбыртт дæр ма скæн, æндæра худæджы хал
бауыдзыстæм...
Уырызмæг базыдта йæ бон: ацы лæг йæ дзыхы ницы бауром-
дзæн æмæ йыл зæрондæй адæм сæхи хæсдзысты сабийы онг...
«Фæлæуу, æз дæр дæ мæ маст кæд истæмæй сисин, теуайы уаргъ
афтæ ма ныккæлæд æмæ дзы хæрæджы уаргъ мауал равзæра. Нæ
балц нырма абон райдыдта, нырма ныл бирæ мæйрухс æхсæвтæ
скæндзæн фæндагыл!»
Уырызмæг æргом ницы сдзырдта. Сырдон æй саргъмæ сæргъæв-
та æмæ та араст сты.
3
Афтæ фæцыдысты иу къуыри, фæлæ никуыдæм фæхæццæ сты
нырма. Ницæуыл схæцыд сæ цæст уыцы тыгъд быдырты æмæ уæд
сæхи хæхты ’рдæм ласын райдыдтой. Зыдтой йæ, уым уæйгуытæ
цæрынц æмæ уыдонæй тыхæй ницы ахæсдзæн лæг, фæлæ быды-
ры ницы ардтой, афтидæй та сын ф^стæмæ здæхæн нæ уыди.
Афтæмæй бахæццæ сты фарæстæм бон комы хъæлæсмæ. Талынг
223
кæнын райдыдта æмæ тæрхон кодтой, кæм бахсæвиуат кæной —
хъæды æви хъæдрæбын быдыры? Ницæуыл ма ныллæууыдысты,
афтæ дын Сырдон кæсы æмæ сæм Сослан йæхи рауагъта.
Хъуыддаг афтæ зынд, цыма лæппу йæ фыдмæ уынаффæмæ
æрбацæуы, фæлæ дзы Сырдон йæхи хызта æмæ цæттæйæ лæууыд
кæддæриддæр. Тæргæ бæхыл æй куы ауыдта, уæд æм афтæ фæ-
каст, цыма цыдæр æвзæрдзинад сфæнд кодта. Сырдон иуварс ацыд
æмæ йæ лæдзæджы æнцой уырдыг ныллæууыд, æнхъæлмæ каст,
цы хабар сæм æрбахæссы Сослан. Уырызмæг дæр æрурæдта йæ
бæх æмæ лæппумæ сарæзта йе ’ргом.
Сослан уыцы иу тард бакодта бæх æмæ йæ хъуамæ Сырдоныл
баскъæрдтаид, фæлæ бæх нæ бакоммæ каст, йæ цыд фæнымæг
кодта. Æрфæны цурмæ куы баввахс, уæд Сослан хинвæнд æрбай-
мысыд:
— Мæ фæсарц сбад, хуымы уыры, науæд искуы ныххæдмæл
уыдзынæ æмæ худинаг у, адæм зæгъдзысты, кæмдæр ныууагътой
сæ лæджы, фосыл æй ныууæй кодтой, — йæ къахы бырынкъ æм
æгъдынцойæ дары, афтæмæй дзуры Сослан.
— Дæ фæндагыл цу, зылынкъах, мæныл дæ ничи мæтгæнæг
кæны! — цыбыр загъта Сырдон æмæ иуварс алæууыд.
— Ноджы фæстæмæ дзурыс, хæрæг! Сыстхæрд! Æрхæссæггаг! —
мастисæн хъыллист фæкодта Сослан æмæ йæм бауагъта йæхи тæргæ
бæхыл. Сырдон уый æнхъæл нæ уыд æмæ йыл æвиппайды куы
ралæууыд ехсæй, уæд ыл дзы цалдæр цæфы æруад, стæй йын йæ
ехсы дымæг ацахста æмæ йæ раскъуыдта цонджы хъулæй. Бæх
фæтарсти æмæ иннæрдæм фæзылд. Сырдон афтæ рамæсты æмæ
айтæ-уйтæ нал фæкодта, лæдзæг фæхаста, басырдта йæ æмæ дзы
бæхы синтæ ныххафта. Бæх ма иу гæпп акодта, стæй тæхгæ-тæ-
хын йæ мукъутæ сыджыты ацавта æмæ мæлæтдзаг рызт бакодта.
Сослан атахти йæ сæрты æмæ зæххыл йæ дзыгъал-мыгъул ссыди.
Сырдон æм багæпп кодта æмæ йын æфсæн лæдзæгæй иу февæрд-
та йæ чъылдымæн, фæлæ лæдзæджы бырынкъ мæлдзыджы губак-
кыл сæмбæлд æмæ Сырдон фæхатыд, мæлæтдзаг цæф нæ фæци
йæ фыдызнаг. Дыккаг хатт фæхаста йæ лæдзæг дыууæ къухæй —
æнæмаргæ йын нал ис! — фæлæ раст уыцы уысм йæ астæуыл
атыхстысты Уырызмæджы къухтæ æмæ йæ айвæзтой фæстæмæ:
— Маргæ ма акæн! Маргæ ма акæн! Маргæ ма акæн!..
Æндæр дзурын ницыуал фæрæзта Уырызмæг. Федта, бæмбæрс-
та, цавæр тых ис Сырдоны бызгъуыртыхт уæнгты, æмæ йæ уыр-
ныдта, иу цæф ма йæ куы фæкæна, уæд нал сыстдзæни зæххæй
лæппу æмæ йæ уæлгъæдæй сфизонæг кæндзæн йе ’фсин. Сырдон
лæдзæг нал баурæдта, фæлæ цæф йæ нысаныл нæ сæмбæлд æмæ
224
æртыккаг хатт та хъил нал фæкодта йæ къух: федта Уырызмæджы
тарст æмæ тæригъæддаг цæсгом æмæ йæ зæрдæ нал батардта уый
хъыджы бацæуын. Ницы сдзырдта, фæлæ тыхулæфтгæнгæ аиуварс
кодта Уырызмæджы, стæй бацыд Сосланы бæхмæ. Уый йæ уд
иста æмæ йын Сырдон фæтæригъæд кодта: сласта фарсылдарæн
кард æмæ йын йæ хурх слыг кодта — тæригъæд у хъизæмарæн...
Уырызмæг фыццаг хатт федта Сырдоны къухы кард, йæ къух-
тæ та тугæй ахуырстæй æмæ йæ зæрдæ барызти: ацы лæг иугæр
фæтугдзых, уæд æй ницыуал бафсаддзæн тугæй æмæ туг мæ хæдза-
рыл ныууарыд, сафдзæн нæ æнæхъæн бинонтæй! Сырдонæй уыдон
æдыхдæр кæй не сты, уый йæ хъуыдыйы дæр нал уыди. Йæ зæр-
дæйы ма рауай-бауай кодта иунæг судзгæ æнкъарæн: туджы тас...
Сырдоны æргæвст бæхæй Сосланмæ цæугæ куы ауыдта, ту-
гæйдзаг кард йæ къухы, афтæмæй, уæд Уырызмæджы зæрдæ
бауынгæг: æргæвддзæн æй!.. Иуцъусдуг дзурын ницы сфæрæзта,
йæ зæнгтæ та йæ быны бадон сты, фæлæ Сырдон лæппуйы хурх-
мæ куы февнæлдта, уæд феррайау æмæ ныцъцъæхахст кодта йæ
хъæлæсыдзаг: «Фæлтау мæн аргæвд! Фæлтау мæн аргæвд!»
Сырдон бахудт йæхимидæг: зоны йæ, кæйдæр амаццаг у, йæхи
лæппу нæу, уæддæр ыл йæ зæрдæ риссы æмæ мæнæн та мæ зæр-
дæйы скъуыддзаджы бахордта. Хъæбæр у иу иннæйы рисæн, фи-
дар! Сырдон тарсти, иугæр мæ комкоммæ цæфæй нæ амарди, уæд
ныр куы фæхурх уа йæхи мæнгдзæсгомы бæттæнæй, уæддæр ме
’фсон кæны æмæ мæ ахæм уæлахиз нæ хъæуы. Слыг кодта æф-
сæйнаг мæнгдзæсгомы рæхсæн æмæ Сосланы мæрдвæлурс цæсгом
байгом ис... Улæфы, йæ куыдзы уд та аирвæзт!
Уæдмæ йæм Уырызмæг дæр бахæццæ æмæ йæ разы ныххауд
Сосланыл. Сырдон йæ кард кæрддзæмы нытътъыста, кæрдæгыл
æй асæрфта, афтæмæй, æмæ стæй йæ уæхсчы сæрты радзырдта
Уырызмæгмæ:
— Дон бакал дæ куыдзы цæсгомыл æмæ æрчъица! Ма йын тæрс,
нырма дын бирæ кæуылдæрты фæхæцдзæн? Стæй дæ зæрдыл дар:
рæхджы дын дæхимæ дæр бавналдзæн æмæ дæ иргъæвæг дæр
ничи уыдзæн! Мæнгард æмæ фæлдыст хæрджытæ стут иууылдæр!..
Æндæр ницы базыдтой дæ кæстæртæ дæ зондæй æмæ сæм кæс,
рай, дæхицæн сæ ныфсытæ æвæр: хæцаг куыйтæ дын сты!
Сырдон иуварс ацыд æмæ хус къæцæлтæ æмбырд кæнын рай-
дыдта: йæ маст æрысыст æмæ йæ уæнгтæ ихæн кæнын райдыдтой.
Хъæдгæрон иу бæласы рæбын чысыл дзыхъгонд уыди æмæ уым
ысарт кодта. Пыхсытæ иу хъæбысыдзаг йæ быны бакодта æмæ
бадгæйæ рæдзæ-мæдзæ кæны йæхицæн: йæ фыдгул ахсæв фæхæ-
цынхъом нал у, иннæтæй та тас нæу — ничй сæ æрбауæнддзæн,
15 Сырлоны иæссыгтæ
225
ныр сыл исты куы цæуа, уæд сæхæдæг æххуыс мæнæй агурдзыс-
ты, зонын сын сæ хъæбатыр!
Хуыссæг æй нæма ахсы, фæлæ йын зын у а дунемæ дзагъыр-
дзæстæй кæсын æмæ йæ цæстытæ æрцъынд кодта Сырдон, афтæ-
мæй бады арты фарсмæ. Йæ балцыл фæсмон кæны, фæлæ йын
иннæмæй та æхсызгон у — æргом сæм рацыд æмæ сын хъуамæ сæ
бон базонын кæна, науæд æй нæ ныууадздзысты æнцад-æнцой,
сусæг-æргом ын маст кæндзысты, сæ карды ком ыл æвзардзыс-
ты... Афтæ у сæ ахуыр: тæрсгæ дæ куы нæ кæной, уæд аргъуц нæ
зонынц. Нæ, æз сын нал гæдзæ кæнын! Фаг мын у, ныр бафæлва-
рæм, кæддæра нæмын æмæ марын æз нæ базонин, кæддæра мæ
исты ахæссиккой тых æмæ къæйныхдзинады сæрыл! Æввахс сæ
ма уадз дæхимæ, тигъджын дур сыл цæв æмæ сæ дард сур, æндæр
гæнæн дзы нæй!..
Нæ, барон хорз у, фæлæ бирæгъæн барын ницы пайда у, но-
джы фыдахуыр кæны, æндæр ын басæттæн нæй. Ныр Сосланæн
Ардагъуйы цæстыты къахт куы нæ ныггæдзæ кодтаин, уæд афон-
мæ, чи зоны хуыздæр зондыл хæст уаид. Науæд дæр мæ сабимæ
йæ арм райсын нæ бауæндыдаид. Фæлæ йын æз иу хатт ныххатыр
кодтон, дыккаг хатт ныббарстон — мæхæдæг ма йæ фæхастон йæ
мады хъæбысмæ — а, сдзæбæх æй кæнут æмæ мын мæ хъæбулы
фыдтæ бахæра... Уый дын мæ лæгуарзондзинады хабар! Бирæ-
гъæн тæригъæд чи кæны, уый йæхицæй хынджылæг скъæры, æн-
дæр ницы... Цæв æй, уырды над ын кæн æрвылбон æмæ йæ бон
базона, науæд дын дæ къубал ахауын кæндзæн!
Хорз цард у, уæдæ циу ахæм уынгæджы цард дæр, — йæхины-
мæр бахудти Сырдон, — цыма дунейы фыдвæтк адæмы тымбыл
армæй ахуыр кæнын мæнмæ хауы!.. Æмæ ма уæд цæргæ та кæд
хъуамæ кæнон? Æмæ мын цæй цард и? Кæнæ кæд уыд мæ хуы-
зæн сæрхъæнтæн, сæрылхаст адæмæн цард? Æвæццæгæн, афтæ
фæци æрдзы фæтк æмæ адæмæй иутæ хъуамæ цæргæ кæной, ин-
нæтæ та царды фæткыл сæ сæр хæссой, æндæра æз куы ницыгæ-
нæг дæн, куы никæй æфхæрын, уæд мæм дунейы хъизæмар, нучы
цæуæгау, цы ныууырдыг ис? Цы рахау-бахау кæнын ам уазал
быдырты, хъæдрæбынты? Мæ чысыл бинонты иунæгæй, æвæгæ-
сæгæй куы ныууагътон, уæд цы агурын æцæгæлон бæсты? Хорз,
байстам кæмæйдæр цыдæр муртæ, фæци дзы мæн дæр цыдæртæ,
фæлæ уымæй кæдмæ фæцæринаг дæн?.. Мæй, дыууæ мæйы иууыл
фылдæр, стæй та ногæй тыхми кæнынмæ рабæтт дæ гæрзтæ!.. Уый *
цард у? Науæд ахæм къæбæрæй чи схъомыл уа, уый æцæг лæг
рацæудзæн?..
— Цы фæдæ, Сырдон, куыд иунæгæй бадыс?.. — уый дзуры
226
Уырызмæджы хъæлæс. Сырдои ын раджы фехъуыста йæ къах-
дзæфтæ, фæлæ йæ нæ фæндыди йæ цæсты уæлтъыфалтыл схæ-
цын. Ацæргæ лæг æм кæй æрбацæуы, уый хатыди къахдзæфты
сындæг æмæ уæззауæй. Фæсивæдæй нæу, уæд дзы тас ницæмæй
у, æмæ йæм цы кæса...
— Арты фарсмæ æрбад, ме ’фсымæр, æмæ дыууæ бауыдзыс-
тæм, йæ бирæйæ цы кæныс?.. — æнкъардæй, фæллад зæрдæйæ
дзуры Сырдон æмæ Уырызмæджы зæрдæ бакъуырдта. «Æфхæрд
кæд исчи у, уæд — ме ’фсымæр æмæ ма йæм æз та бустæ кæнынмæ
æрбацыдтæн!» — хъуыды кæны Уырызмæг. Мæнмæ исчи куы
фæлæбурдтаид афтæ, уæд ыл марынæй нæ бацауæрстаин, уый йын
уæддæр ныххатыр кодта мæн тыххæй... Нæ, ме ’фсымæр мæнæй
лæгдæр у, ай-гъай, фæлæ цыдæр æнахуыр зондыл хæст у æмæ
йын цы кæнон? Иу аджы нæ куы сфыцой, уæддæр нæ бас не сиу
уыдзæн æмæ цы саразон?
— Бирæйы тыххæй нæ дзурын æз дæр, фæлæ... — Уырызмæг
æрбадт пыхсыл Сырдоны фарсмæ æмæ уымæн æхсызгон уыд —
иннæтæй рахицæн æмæ уæддæр мæ цурмæ æрцыд! — фæлæ йæ нæ
зыдта, цы ис йæ зæрды æмæ тыхсти, кæд та, мыййаг, хин æмæ
’кæлæны фæдыл у йæ цыд, уæд мын ноджы фенад уыдзæн!..
— Зæгъ æргом, æфсымæр ма цæмæн вæййы уæдæ, кæрæдзи-
йæн хинтæ мысыны ран не стæм, — цæхгæр дзуры Сырдон æмæ
йæ сæр йæ армытъæпæнтыл æрæвæрдта, рæмбыныкъæдзтæ зæнг-
ты хъæбæртæм сбыцæу кодта, афтæмæй.
— Куы ницы мысын, ме ’фсымæр, — сындæггай бакодта Уырыз-
мæг æмæ артыл дыууæ къæцæлы баппæрста, — мæнæ дæумæ мæхи
райстон. Уыдон уæддæр фæсивæд сты, æндæр зонд æмæ æндæр
фæндиæгтыл хæст. Цæмæн сæ хъæуын? Чи сын дæн?..
Уырызмæг Сырдоны хъуыды йæхи номæй кæй дзырдта, уый
худæг фæкаст Сырдонмæ, фæлæ нымадта йæхимидæг: æцæг дзу-
ры, зæрдиагæй æви йæхи барæй ауагъта, цæмæй йын фæтæри-
гъæд кæнон æмæ ноджы ме ’ккой сбада ацы æнæхайыры балцы?
— Уый та куыд чи? — къахы йæ Сырдон. — Сæ бодз, сæ раз-
дзог, сæ саркал, сæ ныфс æмæ сæ кад! Хурау сын арвæй чи ’ртти-
вы, цæугæ мæсыг, зилгæ хох æмæ æнусты къæдзæх!
— Ноджы ма бафтау: сæ тæлæтæн сын йæ фылдæр хай чи исы,
фынгыл сæ уæлейæ чи фæбады, ныхасы сын дзырды бар чи нæ
дæтты!.. Афтæ æнхъæлыс, уыдон нымайын нæ зонынц? Æппæт-
дæр сæм нымад у, æмæ ноджы куы фæзæронд уон, уæд мын сæ
мæ рагъæй кæй райсдзысты, уый дæр мæ цæстыл уайы, фæлæ цы
кæнон, ныр ма зæрондæй мæ фæтк кæм раивдзынæн, стæй йæ
куы раивон, уæд дæр ма цы.
227
— Уымæй раст зæгъыс, ивгæ нал акæндзынæ, — сразы йæ ны-
хасыл Сырдон æмæ йæхи сывæзта, йæ уæнгтæн куыддæр фенцон-
дæр Уырызмæджы æрбацыдæй, йæ зæрдиаг ныхæстæй. — Фæлæ
ма дзы иу рахæцæн ис...
— Цы, дæ хорзæхæй? — Уырызмæг дзæбæхдæр æрбадт пых-
сытыл æмæ хъусынмæ йæхи æрцæттæ кодта: ацы хивæнд лæг та
исты æрымысдзæн!
— Цы, куы зæгъай, уæд — фидæны фарн!.. — Сырдон барæй
ракодта æбæрæг, дæлгоммæ ныхас. Уырызмæг æй, æцæгдæр, нæ
бамбæрста æмæ фæтызмæг:
— Уый та ма цавæр фарны кой кæныс?
— Фидæны фарны кой, ме ’фсымæр... Æви ды æнустæм цæры-
ны фæнд кæныс?
— Æнустæм нæ, мыггагмæ! Исты ичъынайы калм дæн, уæлæ-
уыл баззаинаг?
— Кæд афтæ у, уæд хъуыды хъæуы фæсивæдыл, фидæныл... Куыд
æмæ цæмæй цæрдзысты мах фæстæ, фидæнмæ? Ды сæ балцмондагыл
ардауыс, æз — хæдзары бадыныл, фæныкгуызыл — дæ нымадæй.
Афтæмæй дывæнд кæнынц адæм, ме ’фсымр, æмæ уый хорз нæу.
Федтай, балцмондаг лæг куыд гæбæр æмæ мæнгард вæййы? Йæ фы-
дыфсымæрмæ йæ къух сисы, йæ туг, йе стæджы рамары, æмæ истæй
тыххæй æнхъæлыс? Нæ, йæ зæрдæ бадзæбæх кæнынæн: ома дыл æз
тых дæн æмæ дæ хъуамæ аджидзаг кæнон, ранæмон дæ, æрбахухулæг
дæ кæнон. Афтæ у, ме ’фсымæр, тыхгæнæджы зæрдæйы уаг! Хорз
нæу, æмæ йæ раивынæн исты æрымысын хъæуы... Фидæны фарн æз
уый хонын: нæ фæстæ хъуамæ фыдвæтк ма ныууадзæм. Æдылы куы
уаиккам, тыхы дуджы кæй цæрæм, уый куы не ’мбариккам, уæд нын
баринаг уаид ныр дæр æмæ нæ фæстæ дуджы дæр. Фæлæ йæ зо-
нæм — æз дæр, ды дæр. Чи зоны Нартмæ махæй зондджындæр ныр-
тæккæ ничи ис æмæ сæ афтæмæй хъуамæ фыдвæтк æмæ фыдзондыл
хæстæй ныууадзæм? Куыд фæнды дæу, цы хъуыды кæныс?!
Сырдон афтæ тыхфарст кодта Уырызмæджы, æмæ ма уый цы
загътаид, уый нал зыдта, стæй, æвæццæгæн, уыцы бирæ фарсты-
тæн дзуапп агургæ дæр никуы кодта. Æндæр искæй раз Уырыз-
мæг ууыл нæ басастаид, фæлæ йæ зыдта, Сырдонæй ницы басусæг
уыдзæн, æмæ сразы:
— Фæлæуу, дæ хорзæхæй, фæдис у, бауадз мæ, ахъуыды кæ-
нон!..
— Хъуыды кæн, Нарты бодз, хъуыды. Хистæр хъуыды хъуамæ
кæца, цирхъæй дзæхстытæ кæнын кæстæрты бар бакæн, сарæхс-
дзысты, хъуыды та, йæ боцъо даргъ кæмæн у, ууыл æмбæлы...
Гъе, æмæ, дæ хорзæхæй, æз та хъæдмæ бауайон, ноджы пыхсытæ
228
æрбахæссон, ахсæв уазал уыдзæн, æз та мæгуыр лæг дæн æмæ мæ
уазалы ныссæлын нæ фæнды.
Сырдон талынгмæ куы ахызт арты рухсæй, уæд фæхатыд —
чидæр дардæй йæ цæст дардта йæ бадæнмæ æмæ йæ хъæды ’рдæм
цæугæ куы ауыдта, уæд йæ сæр æмбæхсынмæ фæци хъæды —
кæрдæджы хус æмæ къалиуты згъæлæнты къæрццытæй бæрæг
уыди. Сырдон ахъуыды кодта: уый, æвæццæгæн, Сосланы æр-
выст уыдзæн, æндæр кæй бахъуыд мæнмæ цæст дарыны сæр?
Цыдæр фæнд сæм ис æмæ йыл æрсагъæс хъæуы, уый нæй, уæд дæ
гуырæй райгæ у, Сырдон!
Ноджы фылдæр пыхсытæ фæхаста Сырдон, арты алыварс сæ
срæдзæгъдтæ кодта, дымгæйæ дæр æй куыд хызтаиккой, æрмæст
ма артмæ цыппар æрбацæуæны ныууагъта æмæ алы рæдзагъды
раз дæр цыппар бадæны сарæзта, исчи, дам, уазæг куы фæзына,
уæд æй кæм æрбадын кæнон уæдæ! Уырызмæг æм фæкаст æмæ
уый дæр йæ хуыссæн Сырдоны цурмæ æрбахаста. Цæй хуыссæн —
дыууæ нымæтæй иу йæ быны бакодта, иннæ йæ уæлæ бамбæрзта
æмæ пыхсы рæдзагъдыл ныххуыссыд. Хуылыдз къалиутæ, хъан-
’дзæлттау, фæныгъуыл-фесхъиу кодтой æмæ Уырызмæг бацин код-
та: раст мæ цыма узгæ кæнынц!..
Бирæ фæныхас кодтой уыцы ’хсæв Сырдон æмæ Уырызмæг.
Сырдон дæр йæхи нымæты батыхта æмæ пыхсыты ’хсæнæй каст
артмæ æмæ Уырызмæджы фæллад цæсгоммæ. Цыдæр сагъæс æрбы-
нæй кодта Нарты хистæры æмæ мадзура уыд ацы хатт. Сырдон æй
зыдта: Уырызмæг фидæныл никуы хъуыды кодта æмæ йæ ныр Сыр-
дон куы бацагайдта, уæд æм хъыг æркаст, — ау, уый Нарты хистæр
куы у, уæд æй афтæ æнцонæй куыд хъуамæ амбула йæ кæстæр
æфсымæр! Худинаг у, æз дæр хъуамæ исты æрхъуыды кæнон!
Сырдон зыдта ацы хъуыддаг æмæ йæ нæ тыхсын кодта, йæхæ-
дæг ын схæцыд фидæны фарныл лыстæггай дзурыныл. Уырызмæг
хъусгæ зæрдиагæй кодта, фæлæ йæ хъуыды уæддæр агуырдта, цы-
дæртæ нывæзта, фæлвæрдта фвдæны дуне цæсты тигъæй уæддæр
фенын... Ницы йæм зынди суинаг дугты фæлм мигьæй, æрмæст
цыдæр æндæргтæ, æмæ уымæй дæр ныры дунейы халдихтæ...
Сырдон та нывæзта цыдæр æвæджиауы æмуд æмæ æмзæрдæ
дунейы ныв: кæрæдзимæ лæбурд æмæ тыхми кæм нæй, иу иннæ-
мæ æфсымæры цæстæй кæм кæсы, адæм æрмæст рæстдзинадæн
кувæг кæм сты, ахæм уæздан æмæ хæлар дуне. Ноджы дзырдта:
уым, дам, адæм сæхи фæллойыл нæ мардзысты, æзхъæздыгдæр-
мæ нæ бæлдзысты, иу уыдзæн сæ рад æмæ сæ зын дæр, сæ цин
æмæ сæ хъыг дæр... Кад æмæ ном агурдзысты кæрæдзи уарзонæй
æмæ тыхст лæгæн ахъаз фæуынæй!..
229
Цыдис Уырызмæджы зæрдæмæ Сырдоны фæндиæгты дуне,
фæлæ йæ нæ уырныдта, ахæм дуне саразæн ис а зæххыл, уый. Йæ
мидбылты худти, афтæмæй хъуыста — ома кæн дæ мысæггаг ны-
хæстæ, æз дыл уæддæр не ’ууæндын! Фæлæ йæ ныхас кæронмæ
куы фæци Сырдон, уæд дывæнд кæнын райдыдта: æгæр ныфсхас-
тæй дзуры ацы лæг æмæ, Хуыцау зоны, цы уыдзæн фидæнмæ?
Хорз, разынæд мæнг Сырдоны фæндиæгтæ, фæлæ куы ’рцæуой,
кæнæ æрмæст сæ иу хай куы ’рцæуа, уæд та?..
Æрæджиау бафарста Сырдоны:
— Ме ’фсымæр, раст ма зæгъ, дæхи уырнынц ацы ныхæстæ,
ахæм дуне æцæг уыдзæн искуы æви мæ къахгæ кæныс?..
— Мæ мадызæнæг, — цыдæр æрхæндæгæй райдыдта дзурын
Сырдон дывæндгæнæгау. — Ахæм цардæн кæд æрцæуæн нæй, уæд
фыдæй-фыртмæ дзæгъæлы хæрæм нæ хъиутæ ацы тыхмийы ду-
нейы... Уæд цы сты лæгæн йæ тых дæр æмæ йæ зонд дæр? Науæд
цы стæм мах æмæ циу нæ царды нысан? Рахау-бахау кæн тыгъд
быдыры, ихын уазалы æмæ цæй охыл?.. Иу æнæбары уæйыджы
амар, стæй йæ мæгуыр муртæй дæ гуыбын байдзаг кæн. Уый цард
у, лæджы аккаг цард? Дæуæн нæ зонын, фæлæ мæн ахæм цард
ницæмæн хъæуы!
— Ницы дын æмбарын, ме ’фсымæр, дæ фæндиæгтæн... Æниу
дæ ныхасы рæстдзинад ис, æмæ мæм уый фæстæ налдæр балцы
цæуыны фæнд ис, налдæр мæм а дунейыл цæрын хорз кæсы. Ды
хорз цы дуне хоныс, уым цæрын дæр цыма мæнæ бæллиццаг ницы
уыдзæн, афтæ мæм зыны ме ’дылы зондæй... Цæй, кæд дзы лæг-
мæ йæ сау сæрæй йæ урс сæрмæ æрмæст гуыбырæй кусын æмæ
зæхх дзывырæй схъауынæй дарддæр ницы хорздзинад кæсы, уæд
ахæм цард дæр мæн ницæмæн хъæуы. Лæгмæ иу бонæй иннæ бон-
мæ куы ницы диссаг æнхъæлмæ кæса — æрцу, фен мæ, зæгъгæ, —
уæд уый дæр ницы бæллиццаг дуне у, ме ’фсымæр... Æмæ мæн
куы райхъал кæниккой иуахæмы мæ мæрдвынæйæ, куы мын рав-
дисиккой уыцы дуне, æмæ йæ, ды куыд раныв кодтай, ахæм куы
разынид, уæд сын зæгъин: ауадзут мæ мæ мæрдонвæндагыл, мæн
сымахимæ цæрын нæ фæнды.
— Уымæй, чи зоны, раст зæгъыс, марды райхъал кодтой, уæд
ын ис афтæ зæгъыны бар, фæлæ æз цы кæнон? Æз гуыргæ ракод-
тон уе ’хсæн æмæ мæ ничи бафарста, фæнды дæ ацы дунейы ра-
цæрын æви нæ? Æмæ цæрын, мæнæ демæ искæй амарынмæ æмæ
уый хай бахæрынмæ дæр рараст дæн... Бадын дæ фарсмæ æмæ
хъусын мæ фæсчъылдым хъæды къæрццытæм, уым æрныгъуылд
дæ лæппуйы æрвыст лæг æмæ æнхъæлмæ кæсы, кæд ацæудзынæ
ды æмæ мыл кæд хъуамæ ныццæва фат... Мæнмæ ахæм дунейы
230
цæрын хорз нæ кæсы. Цæрын дзы, тæрсгæ дæр дзы нæ кæнын,
фæлæ мын адджын нæу æмæ лæг та ацы дунейыл зæрдæхцон цард
хъуамæ кæна, йæ мад æй уымæн ныййары...
— Уый та цæй æрвыст лæджы кой кæныс? — йæ зæрдæ фех-
сайдта Уырызмæгæн, зыдта йæ, баронтæй нæу Сатанайы лæппу
æмæ исты фыдбылыз саразыныл фæстиат нæ фæуыдзæн.
— Уыдæттæ дзурыны рæстæг нæу, ме ’фсымæр, фæлæ ды ацу
æмæ дæм мæ ныхас куы фехъуыса: «Фæдис, Сырдоны амардтой»,
уæд-иу ам февзæр дæ адæмимæ. /Ендæр дæ ницы агурын, мæнæн
та тас ницы у, ахæм бынмизтæ мæн нæ амардзысты, ма тæрс, — æз
уыдонæй хиндæр æмæ уынагдæр дæн!..
Уырызмæг йæ нымæт йæ уæхсчытыл баппæрста æмæ рацыд,
Хæмыц æмæ иннæ ас бæлццæттæ кæм бадтысты арты фарсмæ, уыр-
дæм. Аныхæстæ кодта, стæй цыма ницы зоны, уыйау азылд иннæ
æртытыл, афæрстытæ кодта лæппуты, куыдтæ сты, кæд нæ фæл-
мæцынц, кæнæ ницы хъуаг сты, афарста сæ Сосланæй дæр æмæ
йын куы загътой, ам йæхи ирхæфсынмæ азылд, зæгъгæ, уæд æй
бауырныдта Сырдоны ныхас æмæ æлхынцъæрфыгæй рацыд фæс-
тæмæ Хæмыциты цурмæ. Æрбадт арты фарсмæ æмæ æнхъæлмæ
каст, дызæрдыг нал кодта, Сослан кæй бырсдзæн Сырдонмæ, ууыл.
Сырдон иучысыл рауад Уырызмæджы фæстæ, стæй баздæхт
æмæ йæ чъылдым хъæдмæ дзæбæх куыд зындаид, афтæ æрбадт,
стæй йæ дзыппæй систа æхситтгæнæн, æлыгæй арæзт, Хурафар-
нæн æй скодта иу бон æмæ-иу дзы уый хъазыди, куы нал ис,
уæдæй нырмæ йæ Сырдон йæ дзыппы хæссы æмæ йæ зæрдæ æр-
хуым куы вæййы, уæд дзы æхситтæй цыдæр зарджытæ кæны,
æрмæст иунæг йæхæдæг кæй зоны, ахæмтæ. Ныр дæр æнахуыр
зарæджы ныллæг мыртæ айхъуыстысты бæлццæтты æхсæвиуаты
сæрмæ, фæлæ йæ ничи ницæмæ æрдардта, стæй йæ уæлвæд куы
ныссабыр сты, уæд та сыл хъуыды дæр ничиуал акодта. Сырдон
æхситтгæнæн фæстæмæ йæ дзыппы нывæрдта, иу хъилы сæрыл
кæрдæджыты гуцъула атыхта, стæй йыл худ æркодта, дыууæ æв-
залыйы къæрттæй цæстытæ бакодта кæрдæгдзæсгомыл æмæ стæй
йæ нымæт уыцы хъилы уæхсчытыл бавæрдта, йæхæдæг пыхсы
аууæтты абырыд, ахызт талынгмæ æмæ иучысыл æддæдæр куы
ацыд, уæд æрæмбæхст иу дзыхъхъы. Йæ хъус адардта æмæ уыны:
Сосланы хъузон рахицæн хъæды кæронæй æмæ Сырдоны нымæт-
мæ разæрдыгæй цæуынмæ хъавы. Дардæй йæм бакасти æмæ йæ
зæрдæ ницæмæ фехсайдта, ома бады Сырдон, ницы хаты тасы
хъуыддагæй æмæ йæ фæцæф хъæуы! Уыджы уаст бакодта æмæ
уæд хъæды кæронæй разынд Сослан дæр. Сырдон æй йе схъиугæ
цыдæй базыдта: йæ уæраджы кæхцытæ йын фатæй куы ныссаста,
231
уæдæй фæстæмæ къæхтæ нал тасыдысты æмæ годзыкъæхтыл цæ-
уæгау кодта.
Рацæут, рацæут, хæрджытæ, Сырдон уæм рагæй æнхъæлмæ
кæсы, бæргæ уæ бакъуыдыртæ кæнид, фæлæ йæм худинаг кæсы
йæ туг-йе стæгæй адæмы марын... Цæвут æй! Дыууæ фаты фехситт
кодтой æмæ Сырдоны нымæты дыууæ цæрдхуынчъы акодтой. Хъил
афæлдæхт, кæрдæгæй сæр ахауд размæ арты ’рдæм. Йæ уæлвæд
Сослан счипп-счиппгæнгæ æрбауад æмæ нымæтыл ралæууыд цир-
хъæй — дыууæ къухæй-иу æй бæрзонд фæхаста æмæ та — хафт!
Сырдон ныхъхъæр кодта ивд хъæлæсæй: «Фæдис, Сырдоны
амардтой!..» Йæхæдæг æд лæдзæг сæ фæстæ æрлæууыд, хъæды
’рдæм сын алидзæн куыд нал уыдаид. Сосланы хъузон æцæг хъа-
выд алидзынмæ, фæлæ йын Сырдон ахæм цæф ракодта йæ фæл-
мæнтæ болат лæдзæгæй æмæ иу-цалдæр къахдзæфы тæхгæ акод-
та, цалдæр та сæрбихъуырæйттæ. Уæдмæ адæм æрбакалдысты æмæ
Сосланы æрбаййæфтой Сырдоны нымæт къуыхтæгæнгæ.
— Уый циу, лæппу! — тынг мæстыйæ бафарста Уырызмæг.
— Цы уыныс, уый! — къæйных дзуапп радта Сослан. — Ацы
хатт дæр та мын аирвæзт æмæ йæ амондæн кувæд! Кæд ма искуы
фембæлæм, уæд мын додой йæ къона кæны!
— Хæрæг, æмæ дын дæхи куы ныммара, уæд та? Æви афтæ
æнхъæлыс æмæ дæуæн ис æрмæст цирхъæй хæфтытæ кæныны
бар?! Худинаггæнæг дæ, æндæр ницы, æз та дæ лæг æнхъæлдтон!
— Уырызмæг фырмæстæй тоны æмæ цы ’фхæрд æрымыса, уымæн
ницы зоны, йæ уайдзæфтæ уымæн дардыл уадзы.
— Нæ хистæр, мæнмæ иу фæнд ис, — æрбадзырдта Сырдон
æмæ æд лæдзæг ралæууыд размæ. — Ацы хуы афтæ æнхъæлы
æмæ дзы исчи тæрсгæ кæны. Сабитæ марыныл сахуыр, хæрæг!.. —
маст фæбадт Сырдоны хъуыры æмæ иуцъусдцуг ницыуал сфæ-
рæзта дзурын. — Æмæ афтæ æнхъæлы — Нартмæ лæг нал баззад...
Раст зæгъыс, нæ хистæр, иу мыггаг балцы кæрæдзимæ куы бавна-
лой, æххормаг фыстау, уæд уый худинаг у. Уый куы нæ уаид,
уæд ын афонмæ йæ цæстытæ раджы скъахын кодтаин халæттæн.
Фæлæ уыцы хабар ныууадзæм нæ балцы фæудмæ, стæй уæд схæц-
дзыстæм æмæ бæрæг уыдзæн, цавæр хъæбатыр у, уый. Фæлæ уал
уæдмæ иу фæнд: иуварс алæуут, пыхсыты арт басхъаут æмæ ра-
цæуæд мæ ныхмæ хъæбысæй хæстмæ. Фатæй хæст бавзæрстам
æмæ цы ахаста, уый федтат. Йæ цирхъæй мæ лæдзæджы ныхмæ
кæй ницы йæ бон у, уый дæр федтат. Ныр кæд лæг у, уæд хъæбы-
сæй равналæд!..
Сосланы иунæг цæст, тæхгæ стъалыйау, ныццæхæр калдта æмæ
йæ хъæр фæцыди:
232
— Дæ ныфс мæм хæссыс, фаджысы хъæндил, уæд рацу! —
æхсызгон ын уыди, йæ худинаджы уавæрæй йæ Сырдон йæхæдæг
кæй ирвæзын кæны, уый. Рагæпп ласта пыхсы къонайы аууонæй
æмæ пыхсытæ бакалдта артыл.
Адæм тымбыл алæууыдысты æмæ Сослан йæ цирхъ æмæ фат-
дон йæ хъузонмæ баппæрста, ома сыл хæц, ныртæккæ дын худæг
хабар равдисон!
Бирæ æвдисинаг дзы ницы разынд: Сослан хæцын нæ зыдта,
æрмæст сахуыр роныл ныххæцын æмæ ныхмæлæууæджы райваз-
байваз кæнын. Сæрдон æй йæ ронмæ æввахс дæр нæ бауагъта, йæ
цонджы хъултæ йын æфсæйнаг цæнгдысты кæрæтты цур ацахста
æмæ йæ йæ фæдыл тагъд-тагъд ласæгау кодта адæмы раз зиллач-
чы. Сосланæн йæ сæр разылди æмæ ма йæхи куыд ахицæн кодта-
ид Сырдоны уæйыг дзæмбытæй, уымæн ницы зыдта. Уалынмæ
фæхатыди, æнæхъæнæй уæлдæфы зилы æмæ йæ цæстытæ атартæ
сты, кæдæм тæхы, уый нал æвзары. Сырдон æй, чысыл сабийау,
йæ цæнгтæй ныззылдта æмæ йæ стæй феуæгъд кодта — Сослан йæ
зæнгтæ Сырдоны арты ацавта.
— Мæ арт мын фехæлдтай, зынджы фыдæх ссарай! — фæхъæр
ыл кодта Сырдон адæмы бахудынæн æмæ, æцæг, арты пиллон
бæрзонд фæхауд, йæ зынджытæ стахтысты æхсæвы талынгмæ,
фаджысы рагъыл бадæг гæлæбуты бардзау.
Сослан сыстын дæр нæма бафæрæзта, афтæ та Сырдон йæ
уæлхъус февзæрд, фелвæста йæ йæ ронæй æмæ йæ йæ быны æр-
кодта. Сосланы æфсæйнаг хæрвæй тынг фезмæлæн дæр нæ уыд
æмæ йын Сырдон йæ къухтæ сыздыхта, йæ дзыппæй æрдынбос
систа æмæ йын сæ уымæй фидар сбаста. Афтæ йын бакодта йæ
годзыкъæхтæн дæр, стæй йæ йæ ронæй хъæды хаст ракодта адæ-
мы астæумæ, йæ лæдзæг райста Уырызмæгæй æмæ йæ къухты
бастæй къæхты басты ’хсæн атъыста:
— Хорз адæм, ныр ацæут æмæ бафынæй кæнут, ацы уæйыджы
æз мæ цуры хъуамæ ныууадзон, æндæра та мыл искуыцæй фат
куы ныццæва. Æй, ды та, лæппу, талынджы дæхи ма ’мбæхс, мæ
нымæт мын куы хуынчъытæ кодтай, уæд куыд æнхъæл уыдтæ,
Сырдон хуынчъытæ нымæт дардзæн? Цæугæ, дæ ног нымæт ра-
хæсс, æндæра дыл ныртæккæ туг уары, дæ фæстагыл цы тугдæп-
пал ис, ууыл нæ баззайдзынæ!
Сосланы хъузон бамбæрста, йæ хабар хорз кæй нæ уыдзæн,
фæстæмæ исты куы едзура, уæд, æмæ æнæсыбырттæй схаста Сыр-
доны арты цурмæ ног нымæт, йæхæдæг уайтагъд фæтары. Сыр-
дон Сосланы, лæдзæджы уæлæ кондæй, йе ’ккой баппæрста æмæ
Уырызмæджы ’рдæм бадзырдта:
233
— Нæ хистæр, стæй Хæмыц, ды дæр, рацæут мемæ æмæ ацы
лæппуйы иумæ бафæрсæм: цæуылнæ бады йæхицæн æнцад, цы
агуры мæнæй? Фæстаг хæтт æй фæрсын, стæй — кусарт!
Сырдон арты цур Сосланы зæххыл æрæппæрста æмæ арт но-
гæй сцырын кодта. Хæмыц æмæ Уырызмæг дзæбæх куы ’рбадтыс-
ты, уæд Сосланы дæр, мардау, схъил кодта сæ разы.
— Мæнæ, гъе, уæ лæппу, уæ марæн кард! Сатана искæмæ куы
смæсты вæййы, уæд йæ армы марæн кардæн кæй дары, уыцы
сгуыхт бæлццон. Нырма иу хæрзиуæг чи не ’рхаста нартмæ, аф-
тæмæй йæхи æппæтхъом æмæ æппæтбарджыныл чи нымайы. Ба-
фæрсут æй уæхæдæг: цæмæн афтæ кæны, фыдбылыз æмæ фы-
дæх, хæрам æмæ æнæуынон цæмæн хæссы нæ уæзæгмæ? Нæ,
сымах æй дзæбæх нæ бафæрсдзыстут, фæлæ хъусут... Хæрæг, зæгъ,
цæмæн скъахтай Ардагъуйы цæстытæ?! — фæцыд дзæхст. — Зæгъ,
цæмæн фæцæгъдын кодтай Фæсхъæуы фыййау лæппуты чынты
абырджытæн? Цæмæн æркодтай Фæрныджы фосмæ давджытæ?
Искæй абырджытæй нæртон зæхх хизын куы у нæ мыггаджы хæс,
уæд æм ды абырджыты цæмæн ахуыр кæныс, ничи мæ базондзæн
æнхъæлæй?! — фæцыд дыккаг дзæхст. — Зæгъ, цæмæн амардтай
ме ’нахъом лæппуйы, цы дын кодта, хæрæг? — фæцыд æртыккаг
дзæхст. — Уынгæ дæр æй фыццаг хатт куы фæкодтай, уæд?! Æви
мын мæхимæ нæ уæндыдтæ æмæ сабийæ истай дæ маст, куЬщзы
дæндаг!..
Ницы сдзырдта Сослан, æрмæст йæ тугæйсырх цæст, куыройы
фыдау, зылди æмæ-иу куы Уырызмæгмæ бакаст, куы Хæмыцмæ,
ома мæ сæрыл куыд ничи рахæцыд?! Фæлæ уыдон тызмæгæй кас-
тысты æмæ дис кодтой йæ фыдбылызтыл. Хæмыц æцæг ницы зыдта
Сосланы «сгуыхт» митæн, Уырызмæг та йæхи барæй афтæ дард-
та, цыма фыццаг хатт хъусы ахæм хабæрттæ.
Сырдон йæ къуыхтæ нымæт баппæрста Сосланы уæхсчытыл
æмæ йæ ариуыгъта. Фадбаст лæг зæххыл сæмбæлд æмæ йæм ба-
дзырдта:
— Абонæй фæстæмæ фысау сабыр у, сым-сым дæр мауал кæн,
æндæра дын де ’ннæ цæст дæр скъахдзынæн, стæй дæ Ардагъуйы
армы ныссадздзынæн, гæдыйау дæ куыд фæхъаза цæрæнбонты,
афтæмæй куыд æрцæуа дæ мæлæт!
Сырдон йæхи стыхта хъузоны нымæты æмæ арты фарсмæ ных-
хуыссыд. Йæ хистæр æфсымæртæ дæр цыдæртæ ауынаффæтæ
кодтой, стæй ныххуыссыдысты. Ныссабыр нæртон бæлццæтты
æх!сæвиуат, æрмæст ма хъуыст хизгæ бæхты хуыррытт æмæ хъæ-
дæй ололийы уынгæг хъæлæс.
234
4
Дыккаг бон Нарт дарддæр кодтой сæ балц, цыма æхсæвы мур
дæр ницы æрцыд, уыйау. Сырдон цыд, раздæрау, фистæгæй, ин-
нæтæ — бæхтыл. Уырызмæг йæ фæсарц сæвæрдта Сосланы æмæ
цыдысты Хæмыцы фарсмæ, цæуылдæр ныхас кодтой. Сихормæ
куы аввахс сæ балц, уæд Уырызмæг æрхызт, бæх радта Сосланмæ
æмæ йæхæдæг банхъæлмæ каст Сырдонмæ.
Бæхджынтæ аразæй сты æмæ комы иу фæзилæны баивгъуыд-
той. Ныр фæндаг дардтой хæхтæм, уым, дам, цавæрдæр уæйгуы-
тæм бирæ фос и æмæ дзы тыхæй раскъæрæм кæнæ дзы сусæгæй
ратæрæм... Сырдон æмæ Уырызмæг никуыдæм тагъд кодтой, хох-
мæ нырма бирæ фæндаг и, кæстæртæ сихормæ исты ацæттæ кæн-
дзысты æмæ сæм æнхъæлмæ кæсдзысты иу дзæбæх ран. Ныхас
кодтой сæ балцыл ’мæ цыдысты удæнцойæ. Сырдон бауынаффæ
кодта Уырызмæгæн, ома райсом Сослан æмæ иу-цалдæр лæппуйы
арвитын хъæуы разæй, базоной, уæйгуыты цæрæн кæм ис, сæ фос
кæм хизынц æмæ уæд исты фæнд кæндзыстæм, науæд сæ хъæлæ-
сы куы бахауæм куырмæй, уæд нæ сфизонæг кæндзысты. Нæ
фæцыд йæ зæрæмæ ацы фæнд Уырызмæгæн, хардзау æм фæкаст,
ома сæ тæрсгæ кæнæм, мыййаг?..
— Нæ, ме ’фсымæр, æз Нæртон Уырызмæг дæн æмæ мæ Хуы-
цауы цæфæй дæр нæ тæрсын! Иу смаггæнаг уæйыгæй хъуамæ
æмбæхсон ныр та? Йæ фæд ын агурон, цуанон куыдзау æм сму-
дон?! Нæ, афтæ — нæй!
— Де схъæл ныхæстæй цыма уæйыг дæр ницæмæй фæтæрс-
дзæн, афтæ мæм кæсы, — сабыргай дзуры Сырдон. — Æниу дзы
мæн цы хъæуы, физонæг сымах кæндзæн. Æз тыхгæнæг нæ дæн:
лæдзæджимæ тыхгæнæг ничи цæуы, уый уæйыг дæр кæд рахатид,
уыйбæрц æдылы не сты, зонынц балцы хабæрттæ...
— Нæ, Сырдон, цыфæнды хъæбатыр кæд дæ, уæддæр балцы
хъуыддаджы дæхи ма тъысс, уый мæ бар бауадз, мæныл баууæнд,
æз фæлтæрд дæн ахæмтæм, æндæр та дын цы зонын, ме ’фсымæр, —
тынг буцæй амоны Уырызмæг.
— Бар дæхи, — сразы Сырдон æмæ ныхъхъус.
Уалынмæ комы хъæлæс ауæрæх æмæ иу дзæбæх ран доны
фаллаг фарс цъæх нæууыл арты фарсмæ бадгæ ауыдтой се ’мбæлт-
ты. Бæрæг уыд, цыдæр бафтыд сæ къухы æмæ минас æнхъæлæй
хъæлдзæг сты. Доны былмæ куы бахæццæ сты Уырызмæгитæ, уæд
бахъæр кодтой, Æрфæны æрбаздахут, зæгъгæ, æмæ бахизæм мах
дæр, фæлæ сæм хынджылæгæй радзырдтой:
— Ма тæрсут, арф нæу, ралæгæрдут, бæхтæ фæллад сты!..
235
Уый сæ, æвæццæгæн, Хæмыц мæ Сослан сардыдтой æмæ иугæр
уыдонæй рацыд ныхас, уæд йæ сæрты ничи ахиздзæн, — ахъуыды
кодта Уырызмæг æмæ бакасти Сырдонмæ:
— Цы кæнæм, ме ’фсымæр, æз доны лæгæрдынæн æгæр фæзæ-
ронд дæн æмæ мæ де ’ккой бахæсдзынæ?
Сырдон уайтагьд бамбæрста, хъуыддаг иууылдæр уый ныхмæ
арæзт кæй у. Чи зоны дзы Уырызмæгæн йæхи зонд дæр ис. Кæд
нæй, уæддæр иннæтæ ацы хабар Сырдоныл ахудынæн æрымысы-
дысты æнæмæнг. Хъыг ын куыднæ уыди, фæлæ цы кодтаид, хæс-
сын æй бахъæудзæн, уæззау хæрæг у, фæлæ йын цы кæнон, ба-
лухдзынæн æй, хæргæфсау.
— Сбад, ме ’фсымæр, ме ’ккой, нырмæ дын кæстæр уыдтæн,
ныр дын кæд хæргæфсæн дæр сбæззин, — бауайдзæф кодта Сыр-
дон æмæ йæ хæлафы къæхтæ тулгæ дæр не скодта, афтæмæй доны
бацыд æмæ йын йæ бын асгæрста — кæд хъуына не сты доны
дуртæ, ма дзы фæкæла. Ницы сын уыд æмæ фæстæмæ фездæхт,
æргуыбыр кодта Уырызмæджы раз.
Сбадт Уырызмæг Сырдоны ’ккой æмæ йæ уый фæхæссы арæхст-
гай, лæдзæгæй доны фыдбын сгаргæ. Астæумæ куы бахæццæ сты,
уæд дон Сырдонæн йæ ронбастмæ схæццæ. Ныр уымæй арфдæр
нал уыдзæн, уый базыдта Уырызмæг æмæ бахъæлдзæг, тас дзы
ницы у, ахынджылæг кæнин мæ хивæнд æфсымæрæй?.. Иугæр
хъуыды фæзынд, уæд ма Уырызмæг фæстæ фæлæууыдаид: уадз
æмæ Сырдон ма рох кæна, æз уæддæр Нарты хистæр кæй дæн
æмæ лæгæй ахъазын кæй зонын, Сырдон алкæуыл худаг у æмæ
йын ныр та йæхиуыл ахудой:
— Дæ хорзæхæй, ме ’фсымæр, — адджын хъæлæсæй фæрсы
Уырызмæг, — Нарт ма æцæг Нарт куы уыдысты, уæд къахы ных-
тæ кæд кодтой?.. Мæ дзабыртæ рагæй нал раластон æмæ ныр
федтон, мæ ныхтæ кæнинаг кæй сты, уый...
Сырдонæн цы зонын хъуыд, Уырызмæджы хин фарст кæцыр-
дæм арæзт у, уый æмæ йæхи æрцæттæ кодта æппæтмæ дæр: ницы
йæм сдзурдзынæн, уадз æмæ йæ ныхас уæд кæронмæ, стæй сурмæ
куы ахизæм, уæд ын йæ хæс дывæрæй бафиддзынæн.
— Нарт ма Нарт куы уыдысты, уæд сæ къахы ныхтæ балцы
размæ кодтой, фæлæ-иу сæм дæлæсин лæг куы разынд æмæ-иу
афоныл куы нæ ракодта йæ ныхтæ, уæд-иу ыи сæ ракæнын код-
той, кæм-иу йæ зæрдыл æрлæууыд хъуыддаг, уым.
— Дæлæсин лæджы ном мыл кæй сбадт, уый хорз нæу, фæлæ
ма цы кæнон, иугæр сæ абонмæ не ’рымысыдтæн, уæд... Фæлæ сæ
ныр кæнын хъæуы, стæй дæ фарсылдарæн кард дæр, æнхъæлдæн,
тынг цыргъ у, — нымайы зæрдæрухсæй Уырызмæг æмæ йæ Сыр-
236
дон хаты, уæлейæ йæ рихиты бын куыд рауай-бауай кæны, хъа-
мылы рувасау, хинæйдзаг мидбылхудт.
Сырдон ницыуал сдзырдта, сласта йæ кард, лæдзæг йæ дæларм-
мæ сбыцæу кодта, æмæ Уырызмæджы къахы ныхтæ кæнын рай-
дыдта. Се ’мбæлттæ фалейæ кастысты, æмæ доны астæу цæмæн
ныссагъдысты, уый куы базыдтой, уæд сæ чъылдымтыл афæлдæх-
тысты æмæ худын систой сæ цыппæртæ тилгæ. Сæ мыр-мыр дзæ-
бæх хъуыст доны астæумæ æмæ Уырызмæг дæр худын систа.
Сырдон ын йæ къах фелхъывта:
— Ме ’фсымæр, æнцад бад, æндæра кард фæбырдзæн æмæ
дын дæ къах куы ахауын кæнон, уæд мæ аххос ма уæд.
— Гъа, нал худын, æрмæст лыг ма акæн, науæд ма куыд цæу-
дзынæн, нæхимæ та дард у, — банцад йæ худынæй Уырызмæг.
Уый æцæг фæтарст йæ къахæн лыг кæнынæй: ахауын кæндзæн
ацы фыдбылыз къах æмæ йын стæй исты зæгъ, мæ фарсæй мын
фæкæндзæн мæ хин ми.
Сырдон дæр афæнд кодта, лыг — нæй, йæ къах куы ныррæсиа,
уæд та йæ фыдæбон мæнмæ хауы, уадзон æй фæлтау, фæлæ...
— Ме ’фсымæр, раст ма зæгъ, сылгоймæгты фæдыл цæуаг уыдтæ
дæ рæстæджы? — хин фарст кæны Сырдон. Зоны йæ, Уырызмæг
уарзта сылты фæдыл ауайын, стæй ныр дæр йæ зæрдæ нæ лæууы,
фæлæ йæ хъæр не скæидзæн. Сатанайы хъусты йын куы бацæгъ-
дой йæ хабæрттæ, уæд хорз нæ рауайдзæн æмæ уыйадыл дзураг
нæу, Хæмыцау, йæ сусæг хабæрттæ.
— Цытæ дзурыс, ме ’фсымæр, исты дын Хæмыц дæн! Æз Сата-
найæ дарддæр никæй буар зонын, мæ фыдыстæн, — расомы кодта
Уырызмæг æмæ йæ даргъ боцъо тонынмæ бавнæлдта, — чысыл ын
бауымæл ис доны фæлхъазæнæй.
— Уый дын æз ныртæккæ раргом кæндзынæн, — сдзырдта
Сырдон æмæ йын йæ дæлфæдтæ ахъыдзы кодта. Уырызмæг фес-
хъиудта æмæ ныххудти. Раст уыцы уысм Сырдон фæбырыди æмæ
доны фæфæлдæхт. Уырызмæг бахауд размæ æмæ аныгьуылд доны.
Хорз уыд æмæ ма йын Сырдон йæ фадхъултыл фæхæст æмæ йæ
ласын нæ ауагъта. Иу къухæй Уырызмæджы къахыл, иннæмæй
йæ лæдзæгыл хæцгæ рацыд сындæггай Сырдон былмæ. Схызт
сурмæ, сласта, Уырызмæджы дæр, суджы ласт. Уырызмæг фæхуы-
дугау æмæ йæ хъæлæсæй гарзы дзаг дон цалынмæ фæкалд, уæд-
мæ йын нал чъицыдта...
Фæсивæд сыл амбырд сты æмæ Уырызмæг йе ’муд куы ’рцыд,
уæд Сырдон йæхи раст кæнынмæ фæци:
— Ацы зæронд уырс нæ састи, æз, дам, сылтæм æввахс дæр
никуы бацыдтæн^ Æз дæр дын æй афæлвæрдтон, йæ дæлфæдтæ
237
йын аныхтон æмæ дын фесхъиудта, ныхъхъылдымтæ кодта, йæхи
дæр æмæ мæн дæр доны арфы нысхуыста!.. Уый дын йæ хабар!
Ныр та Уырызмæджы хардзæй райдыдтой худын фæсивæд æмæ
ма Уырызмæгæн дæр цы гæнæн уыди, худти йæхæдæг дæр, фæлæ
йæ зыдта, Сырдон æй барæй ныппæрста доны, йæ маст дзы иста.
Хорз уыдзæн, кæд ууыл баззайон, — ахъуыды кодта йæхинымæр
æмæ бадзырдта:
— Кæстæртæ, исты радавут махæн дæр, уæ мыр-мыр уал фæуа-
дзут!
Уырызмæг иуæй æцæг сыстонг, иннæмæй та йæ фæндыд фи-
зонæгæй Сырдоны зæрдæ балхæнын, кæд æм нæ фæхæрам уаид
йæ гуымир хъазты тыххæй.
Хур куы акъул, уæд та араст сты дарддæр æмæ талынгтæм иу
нарæг коммæ бафтыдысты. Ныр Уырызмæг Æрфæныл йæхæдæг
сбадт, йæ фæсарц сæвæрдта Сосланы æмæ иннæ барджытæн та
загъта, цæмæй радыгай хастаиккой Сырдоны сæ фæсæрцты. Æмæ
йæ æцæгæй дæр алчидæр æвæрдта йæ фæсарц. Сырдон сын сусæ-
гæй сæ æртхостæ фелвæста сæ сины сæртæй æмæ афтæмæй æр-
хызти, æхсвиуат кæм равзæрстой, уыцы лæзгъæры.
— Арт, кæстæртæ! — загъта Уырызмæг æмæ Сырдон йæхи ба-
къултæ кодта, ома цæй арт ма скæнон, мæ артгæнæн зынг бынтон
куы ныууымæл!..
Фæсивæд та ныххудтысты, сæ зæрдыл та æрбалæууыд абоны
хабар доны астæу, æмæ алчидæр асгæрста йæ æрцъыккæхсон.
Хъыпп-сыпп сæ никæмæйуал хауд, кæрæдзимæ тарстхуызæй ра-
кæс-бакæс кодтой, фæлæ дзургæ ницы. Уазал фæззыгон æхсæв,
уый дæр комы рæбын, рагъмæ æввахс — зын уыдзæн æнæартæй,
баргъæвсдзысты. Тыхсдзысты се ’ппæт дæр, фæлæ сын цы гæнæн
уыд. Сырдон асмыстытæ кодта фæйнæрдæм æмæ афтæ зæгъы:
æнæмæнг æввахс искуы уыдзæн цæрæг, фæлæ ауайын хъæуы æмæ
кæд искуы зынг самал кæниккам. Йæхи йын арвыстой, иугæр ды
зоныс хъуыддаг æнæмæнг, уæд уал ды ацу æмæ агур.
Ацыд Сырдон, уæдæ цы. Куы фæхицæн адæмæй, уæд бирæгъы
хуызы бацыд æмæ бæрзонд къуыпмæ суад. Уырдыгæй акаст æмæ
сæ акомкоммæ иу къæдзæхы сæрæй калди рухс, арты рухс. Уым
æнæмæнг кæнæ цæрæг ис, кæнæ та дзы мах хуызæн бæлццæттæ
арт скодтой. Чифæнды ма уой, уæддæр зынг ратдзысты. Цæуон,
базонон хъуыддаг, зæгъгæ, ахæм фæндæй лыгъд радта уыцы рухс-
мæ. Хæстæг æм куы бацыди, уæд аивæй йæ хъус адардта æмæ
суы^та — арты алыварс бадынц æртæ уæйыджы æмæ арты цыдæр
фыцынц. Цымæ цы сты, цæуыл ныхас кæнынц?.. Базонын сæ
хъæуы, æндæра исты фыдбылыз расайдзæн уыдонæй зынг курын.
238
Мыстулæг фестад Сырдон æмæ цалдæр гæппæн сæ цуры ба-
лæууыд. Хъусы сæм æмæ йæ зæрдæ бауынгæг. Сæ иу зæгъы: «Нал
нæ уадзынц ацы дзиглотæ æмæ сæ фæцæгъдын хъæуы! Иу хатт
сæ фæлыгъдыстæм æмæ та, дам, ныр нæ фæдыл ардæм æрхæццæ
сты, нæ фос нын куы фæтæриккой, уый сæ æрфæндыд! Бындзы
мыггаг сты, æндæр ницы. Сæхæдæг ницы аразынц, афтæмæй сын
искæй тугæй та бафсис нæй! Цæгъдын æмæ сæ хæрын хъæуы, сæ
фыд адджын у æмæ æндæр ницæмæн бæззынц...» Иннæ худы æмæ
артыл сугтæ æвæры: «Кæд сыл цæст схæца, уæд сæ мæ бар бауа-
дзут, æз уын сæ адджын физонджытæ фæкæндзынæн!» Æртыккаг
мæсты у цæуылдæр, йæ къогъодзитæ рæхсы туасæй — цæй туас,
галы сгуы ацыргъ кодта æмæ дын уый туас! — æмæ сæм дзуры:
«Уый бæсты уæхи мæт æркæнут, уыдон хин æмæ кæлæн сты æмæ
та нын исты фыдбылыз скæндзысты!.. Кæд нын нæ фос нæ фе-
ной, уæд афардæг уыдзысты сæхимæ, фæлæ фос бамбæхсын
хъæуы, фосæн æддæмæ уадзæн нæй, цалынмæ мит æруара, уæд-
мæ. Мит куы уара, уæд та ам дзиглотæ нæ фæлæудзысты!..»
Фыццаг уæйыг æм радзырдта: «Æмбæхсгæ сæ хорз бакодтон комы
рæбын цъупсæр лæгæты. Нæ дзугтæ дзы иууылдæр бацыдысты,
фæлæ сын хæринаг цъус ис, хос сын æрласын хъæудзæн иу къуы-
рийы фæстæ, æндæра стонгæй бæгъ-бæгъ сисдзысты æмæ сæ уæд
алчидæр базондзæн!.. «Цæй, цæмæй сæ тæрсут, нырма сæ кой
дæр куы никуы ис, сæ бон дæр куы ницы у, уæд? Æз дзы мæхæ-
дæг дыууиссæдзы абырсдзынæн æмæ ныцъцъæлтæ кæндзынæн!.. —
æппæлы кæстæр. «Дæ дзыхыл хæц, къæбæда! — фæхъæр ыл кодта
хистæр. — Уый бæсты дæ разы агмæ ныккæс, нæма сфыхтысты
фыдтæ?.. Æрдæгæхсæв сси!»
Сырдон базыдта æппæтдæр æмæ бирæгъы дугъ рауагъта йе
’мбæлццонтæм. Бацыд сæм йæхи хуызы æмæ сын радзырдта: «Ссард-
тон иу ран арт, фæлæ сæм нæ бауæндыдтæн: уæд та, зæгъын,
тыхгæнджытæ сты, махау, уæд лæджы акъабæзтæ кæндзысты иунæ-
гæй!» Сослан йæ дзыхыдзаг ныххудт: «Хорз хъæбатыр разынд нæ
хъæбысæйхæцæг!.. Дæу йемæ чи уадзы, уый дæр дæ хуызæн у!»
Ныххудтысты фæсивæд æмæ сæ иу афтæ: «Фæлæуут-ма, лæппу-
тæ, кæд, мыййаг, уынгæ дæр ницы фæкодта æмæ нæ сайгæ кæны?..»
Ногæй та ныппыр-пыр кодтой æмæ сæ уæд Сырдон фелгъыста:
— Куыйтæй рантысгæтæ, уæхæдæг куы стут джидзæггаг, уæд
цæуыл рæйут?.. Цомут, равдисон уын æй, кæдæм цæуын хъæуы,
уый æмæ уæ лæджыхъæд равдисут, кæд уæм ис, уæд. Науæд йæ
аууонæй дæр тæрсгæ чи кæны, уый мæнæн уайдзæфтæ ма кæнæд!
— Цомут, цомут! — схор-хор кодтой фæсивæд æмæ араст ысты
Сырдоны фæдыл. Сырдон сæ скодта акæсæн къуыпмæ, равдыста
239
сын, рухс цы къæдзæхы сæрæй калди, уый, æмæ йæхæдæг фæс-
тæмæ раздæхт хистæрты цурмæ.
Бирæ фенхъæлмæ кастысты хистæртæ, фæлæ зынгхæссæг нæ
зынд æмæ Уырызмæг тыхсын райдыдта, мацы ’рцæуа фæсивæ-
дыл, зæгъгæ. Хистæртæй дæр уæд иу къорд ацыд агурæг, Уырыз-
мæг сын сæ разæй Хæмыцы арвыста, афтæмæй. Баззадысты ма
Уырызмæг, Бурæфæрныг æмæ Сырдон, фæлæ уыдон дæр цæуын-
хъус уыдысты, нал сæ урæдта Сырдон йæхæдæг дæр. Æрæджиау
æрфæсмон кодта: нæ хъуыд адæмы уæйгуыты хъæлæсмæ æрви-
тын, æдылы сты æмæ сæ уый тыххæй фæцæгъдын кæ, уый цы
лæгдзинад у?!
Рацыдысты уыдон дæр иннæты фæд-фæд æмæ уæйгуыты цæ-
рæнуатмæ куы схæццæ сты, уæд Уырызмæг æрæмбæрста хабар:
артыл уыди стыр хъæдтæ æвæрд, æнæхъæн бæлæстæ, æмæ уымæй
бæрæг уыди, ам чи цæры, уыдон хуымæтæджы адæм не сты, уæгьды
сæм æрбацыдысты сæхи къахæй. Сырдон дæр дзæгъæлы нæ тарс-
ти, уый зондджын хæрæг у æмæ, æвæццæгæн, исты фæхатыд,
аздæхт фæстæмæ...
Уырызмæджы фидар зæрдæ бынтон бауынгæг, сæ размæ уæй-
гуыты кæстæр куы рауад æмæ сæ иттæг зæрдиагæй мидæмæ хонын
куы райдыдта, уæд. Фæстæмæ фездæхын æмæ лыгъд раттын дæр
æм бæргæ хорз фæкасти, фæлæ йæхи нæ басаста Сырдон æмæ Бу-
рæфæрныджы цæстмæ, стæй фæсивæдыл дæр ахъуыды кодта: цы
зæгъдзынæн Нартæн, кæм сты сæ фæсивæд куы фæрсой, уæд?
Бакодта сæ кæстæр уæйыг мидæмæ æмæ федтой Уырызмæги-
тæ: стыр дуртæй конд хæдзары къулгæрæтты бадынц нæртон бæлц-
цæттæ марды хуызæттæй. Сыбыртт сæ никæмæй цæуы, сæ цæсты-
тæ доны зилынц, афтæмæй ракастысты се ’мбæлттæм. Сырдон
уайтагъд фæхатыд, ацы фæсивд барвæндæй бадгæ не сты ахæм
цавддуртау, цыдæр хин скодтой уæйгуытæ. Ау, æмæ мæ мæлæт
хуыздæр нæу, ацы ницæйаг æдылытæ дæр Нарты зондæй куы
амбулой, уæд?.. А-ма, цы сæ фæнды, дæ хорзæхæй...
Астæуккаг уæйыг сын уайтагьддæр бандæттæ æрбаскъæфта æмæ
сын сæ се ’мбæлтты фарсмæ къулы цур авæрдта, кæстæр сын сæ
гæрзтæ айста — фатдонтæ æмæ æрдынтæ. Уырызмæгитæ æрбад-
тысты æмæ сæ бандæттæ бадзæбæх кæнынмæ хъавыдысты, фæлæ
сæ бон фезмæлын нал уыди æмæ йæ Сырдон базыдта: бандæттæ
цæмæйдæр ахуырст сты æмæ сыл адæм нынныхæстысты. Æмæ
бандæттæ та хуымæтæджы, мыййаг, нæ уыдысты — къæдзæхы фæз-
гъæртæ!..
Сырдонæн дæр æрæвæрдтой бандон, фæлæ уый йæхи стæри-
гъæддаг кодта:
240
— Мæнæн адон цур бадыны бар нæй, æз сæ фыййау дæн!.. —
Уыйадыл йæ лæдзæг дæр нæ радта уæйыгмæ. — Фыййау йæ лæ-
дзæг никуы уадзы! Фæлтау мын дæлæ донхæссæн чъыбылайы фæ-
нык акæнут æмæ ууыл абаддзынæн мæнæ къонайы раз.
Уæйгуытæ кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой, æмæ ницыуал загъ-
той... Сырдон æцæг уыд фыййауы хуызæн, йæ лæдзæг дæр сæм
хуымæтæджы хъил фæкаст, ахæм лыстæг уисы цæф куы сæмбæла
уæйыгыл, уæд æй зонгæ дæр нæ бакæндзæн. Уадз æмæ фыййау
артмæ æввахс ныссæла йæ фæнычы къоппыл!..
Сырдоны хин фæрæстмæ: ныхасæн, — нырма цы уыд, уымæн
ницы зыдта Сырдон, фæлæ фыдбылызы ныхасæн кæй уыд, уый
уыдта, — ацыди фæнычы бынмæ æмæ дзы Сырдоны хæлафыл мур
дæр нæ фæхæцыд. Уый куы базыдта Сырдон, уæд фæныфсджын-
дæр: ахæм хуымæтæджы хинæн кæм ницы бафæрæзтой, уым зын
фæсайæн не сты; тыхæй семæ ницы бакæндзæн лæг, хъуыды
хъæуы!..
Уырызмæг ныхъхъæрзыдта æмæ йæхи æрцæттæ кодта мæлæт-
мæ: дурыл мæ нынныхæстой, физонæджы кæрдих уæхстыл куыд
акæнай, уыйау, æмæ ма цы акæнон? Лæгау амæлын уæддæр куы
сарæхсин, — исты ма сын куы сфыдбылыз кæнин, уæд мын æн-
цондæр уаид... Сырдон æм бакасти, йæ тæригъæддаг æнгасыл фыст
уыди иу курдиат: дæуæн дæр ницы дæ бон у, ме ’фсымæр, дæуæй
хиндæр æмæ зондджындæр куы ничи ис нæртон зæххыл, уæд
уæйгуыты фæсайынæн ницыуал самал кæнис? Бамбæрста йын
Сырдон йæ сусæг фæндиаг æмæ йæм хатиагау бадзырдта: «Исты
кæд самал кæнин, ме ’фсымæр, дæхиуыл фæхæц æмæ иннæтæн
дæр бамбарын кæн: тас мæлæтæн хос нæу, марды хуызæнæй цы
бадынц! Хъæбæр дзыхæй куы дзырдтой чысыл раздæр, Сырдон,
дам, зынг ракурын нæ бауæндыд, уæд ныр кæм ис сæ зынг, куыд
тагъд ын фæтарстысты ахуыссынæй?»
Кæстæр уæйыг аджы дзидзатæ фелвæста æмæ сæ сивыры ми-
дæг иу стыр къæйыл авæрдта:
— Уый сымахæн æрцæттæ кодтам, нæ уазджытæ, фæлæ уал
чысыл ауазал уой, науæд уæ дæндæгтæ куы фехæлой, уæд тæ-
ригъæд стут! — мыр-мыр кæны йæ ныхæстыл уæйыг æмæ арт æн-
дзары аджы бын. Хистæр цыргъ кæны кæрдтæ, астæуккаг уæхс-
тыл архайы, иу рæхснæг бæрзы зæнг ахсæста æмæ йын йæ цъар
стигъы... Цы ’мбарын хъуыд Нарты фæсивæдæн уæйгуыты митæ:
сæ фæстаг æхсæв ралæууыд æмæ дзы ирвæзæн нал и! Уырызмæг
Хæмыцы хъусы цыдæртæ дзуры, уый, йæ дæллаг фарс чи бады,
уый хъусы æмæ Сырдон уыны — банцад йæ кæуынæй, тынгдæр
ыл чи худт, уыцы лæппу, мæнæ Сосланы хъузонæн дæр йæ цæс-
16 Сырдоны цæссыгтæ
241
сыг нал цæуы, Сослан йæхæдæг дæр йæ уæнгтæ батылдта, ома мæ
къухы цæвæнгарз исты куы фæуид, уæд бæргæ, фæлæ цы кæнон,
мæ цирхъ кæдæм хъуамæ аххæсса! Кæм сты мæ фатдон æмæ ме
’рдын!..
Сырдон æвиппайды фестад æмæ йæ лæдзæджы ’нцой уырдыг
алæууыд, стæй бадзырдта хистæр уæйыгмæ:
— Бахатыр кæн, мæ фысым, дæ кæрдтæ фæрнæй фæцыргъ
кæн æмæ сæ стæй дæ хуыздæрты зæрдæ ахъыдзы кæн, фæлæ дæм
иу фарст раттинаг дæн...
— Дæ хорзæхæй, дзигло, бафæрс! — хъыг уыди уæйыгæн, йæ
физонæггаг лæугæ кæй кæны, уый, фæлæ ницы сдзырдта, æр-
мæст йе ’рфгуытæ кæрæдзийыл атыхстысты. Иннæ уæйгуытæ дæр
сæ хъустæ фæхъил кодтой Сырдоны ныхасмæ, стæй тæрсгæ дæр
фæкодтой: «Ау, уый дæр ныхасæнæй сæрст бандоныл куы сбадти,
уæд цæуылнæ баныхæст?.. Цыдæр хингæнæг у, æндæра ацы ны-
хасæн алцы дæр куы бандадзы дурыл, фæйнæгыл, зæххыл...»
— Хатыр бакæн, нæ хорз фысым, фæлæ мæн базонын фæнды
хистæр уæ чи у, хорз уæйгуытæ? — Сырдон йæ лæдзæджы бы-
рынкъ арты фæтъыста, куыд ничи йæ фæфиппайдтаид, афтæ.
— Мæ зæрдæмæ цæуын райдыдтай, дзиглоты фыййау, — ба-
каст æм хистæр уæйыг йе ’рфгуыты бынты. Уымæн Сырдоны
былдауæн ныхас — «Хорз уæйгуытæ!» — æцæг фæцыд йæ зæрдæ-
мæ, фæлæ йыл нæма баууæндыд, зыдта, хин æмæ кæлæн сты дзиг-
лотæ æмæ сын сæ дзырдыл æууæндын нæ хъæуы, фæсайдзысты! —
Фæлæ дæ цæмæн бахъуыд, хистæр нæ чи у, уый базонын? — Ницы
мæ акъахдзынæ, дзигло, ам дæр дын уæйыг и, зонды къуыбар! —
цин кодта йæхимидæг хистæр уæйыг æмæ йæ кæстæртыл йæ цæст
ахаста, ома ахуыр кæнут, дзиглоимæ куыд хъæуы ныхас кæнын,
ууыл!
— Цæмæн, куы зæгъай, нæ номдзыд фысым, уæд уæ кой дар-
дыл хъуыст у! Уæ кадæн дунейыл æмбал нæй, æмæ уæ хистæр чи
уа, уый та ноджы номдзыддæр æмæ кадджындæрыл нымад уы-
дзæн мах адæммæ! — стыр разыйæ нымайы Сырдон.
— О, кæд афтæ у, — бахудти уæйыг æмæ йæ бур дæндæгтæ
къæдзæхы цыргъыты хуызæнæй ферттывтой нымæг рухсмæ, —
уæд нымай: уæйгуытæн сæ тæккæ хистæримæ ныхас кæныс!
Астæуккаг уæйыг йæ уæхст амайын фæуагъта:
— Уый, æвæдза, æххæст афтæ нæу хъуыддаг!
— Уæдæ ма куыд у, хæрæг?! — фæтъæлланг кодта хистæр уæ-
йь*г æмæ йæ цæсгом туджы азылд.
— Хъæртæ чи кæны, хæрæг дæр уый у! — тызмæгæй загъта
астæуккаг уæйыг æмæ ма бафтыдта йæ дзырдмæ: — фæлæ раст
242
зæгъ уазджытæн: æз æмæ ды стæм фаззæттæ æмæ нæ хистæр ничи
у, дунейыл нæм цы кад хауы, уый нын иумæйаг у æмæ ды дæхи
лæгдæр ма кæн! Фехъуыстай?!
— О, уæ рынтæ куыд бахордтам, гъе! Æгайтма нын дыууæ
хистæры разынд, дыууæ зондджыны! — ныццин кодта Сырдон,
фæлæ хистæр уæйыджы зæрдæмæ нæ фæцыд Сырдоны ныхас.
— Иу хæдзары иу зондджын фаг у æмæ уый æз дæн! — цæхгæр
алыг кодта хистæр уæйыг.
— Цы уæлдай ды дæ? /Еви ам исчи фæсдуар амбæхсинаг у? —
нæ ныббыхста астуккаг уæйыг.
— Уый дæр раст хъуыды у: иу хæдзары дыууæ зондджыны
куы уа, уæд нæ бафидаудзысты — иу дзы хъуамæ лæггадгæнæгæй
ныллæууа иннæмæн, — радзырдта сын Сырдон. — Афтæ у махмæ
дæр.Уæртæ сæвджын боцъо кæмæн ис, уый уынут, стæй ноджы
йæ дæле чи бады, боцъойы бæсты бур хæмпæл кæмæн æрзад йæ
цæсгомыл, уый? — Уæйгуытæ ныххудтысты. — Уыдон дæр фаз-
зæттæ сты, фæлæ урсбоцъо фæтыхджындæр æмæ сси хистæр, ныр
ын бурбоцъо лæггад кæны, доны сæрты сæ хизын куы фæхъæуы,
, уæд æй бурбоцъо сæккой кæны æмæ йæ ахæссы иннæрдæм, хъус-
джын хæрæгау!
— Ха-ха-ха! Хъусджын хæрæг! — ныххудт хистæр уæйыг. —
Уый мæ зæрдæмæ цæуы. Гъей, æруай-ма, мæ хъусджын хæрæг! —
фæсидт астæуккаг уæйыгмæ.
. — Хæрæг дæр дæхæдæг æмæ куыдз дæр! — фесхъиудта уыцы
ныхасмæ астæуккаг уæйыг æмæ бæрз уæхстæй ныххафта йе ’фсы-
мæры.
— Уæуу, мæ цæст! — ныхъхъыллист кодта хистæр уæйыг, йæ
цæсты гагуы йæ армæй фæстæмæ цæсты къуырфмæ нылвасгæйæ.
Йæ къухы кусартгæнæн кард уыди æмæ дзы йе ’фсымæры гуы-
бын суанг риуы гуыдырмæ сфаста.
— Цæуыл кæрæдзи хæрут! — ныббогъ кодта кæстæр уæйыг
æмæ йæхи баппæрста хистæр æфсымæрмæ, иргъæвыны охыл.
Сырдон æм фæцырд æмæ йын йæ лæдзæджы сырхзынг бырын-
къæй йæ гом фарс бацавта. Тæвд æфсæйнаг фæрсчыты бын фæл-
мæны бахызт æмæ игæр афизонæг кодта. Нынниудта, мæлæтдзаг
ниудæй уæйыг, афтæ фенхъæлдта, уый дæр хистæр æфсымæр
кардæй барæхуыста, æмæ ма йæ тæвдæй ауæлгом кодта иуцæстон,
тугамæзт уæйыджы.
— Йæ хурх ын слыг кæн! Йæ хурх — куыдзæн! Æргæвдгæ!
Кæстæры хъæрмæ астæуккаг уæйыг йæ тъæнгтæ йæ галиу къу-
хæй атымбыл кодта, йæ гуыбынмæ сæ нылхъывта, рахиз къухæй
та, хистæр кæрдтæ кæуыл ссадта, уыцы сигæц фелвæста æмæ йын
243
дзы йæ сæр ныххафта йæ тых-йæ бонæй. Хистæр уæйыг ма йæ
тыбыртæ бацагъта æмæ ныссабыр, фæлæ ма йæ уыцы цæфы хæд-
размæ иу рæхуысты бон фæци — фæтæн, хуыргæвдæн кард æр-
сагъта кæстæр æфсымры чъылдымы æмæ йыл йæ тых-йæ бонæй
æрхæцыд бынмæ, йæхирдæм. Дыууæ æфсымæры дæр кæрæдзи-
йыл хуыдæй баззадысты. Уый куы федта астæуккаг, уæд нырдиаг
кодта æмæ бадзырдта Сырдонмæ кæугæ хъæлæсæй:
— Цы фæдæ, дзигло, баххуыс кæн! Амардтой кæрæдзи, баир-
гъæв сæ! /Ез цæрдтæй нал дæн, фæлæ сын баххуыс кæн! — дыууæ
къухæй ныххæцыди йæ гуыбыныл, афтæмæй ныттымбылтæ йе
’фсымæрты фарсмæ.
— Ныртæккæ, ныртæккæ! — фæхъæр æм кодта Сырдон æмæ
къуымæй раскъæфта Уырызмæджы гæрзтæ. Дыууæ уæззау фаты,
кæлмытау, сæ сæртæ фæцавтой мæгуыр уæйыджы æрфгуыты бын
уæрæх къуырфыты æмæ сæрымагъзы гутонвæд акодтой. Иу богъ
ма фæкодта уæйыг, рæхуыст галау, æмæ уый дæр йæ тыбыртæ
цæгъдын райдыдта.
Сырдон арт йæ лæдзæгæй басхуыста — нырма йæ зæрдæ йæхи
къултыл хоста, фæлæ Нарты цæстмæ ног сугтæ бавæрдта артыл
æмæ йæ рухс куы фæтынгдæр, уæд фæстæмæ йæ къæртайыл æр-
бадт, йæ къухтæ артмæ бадардта æмæ йе ’муд куы ’рцыд, уæд
нæртон бæлццæттыл йæ цæст ахаста:
— Гъы, куыд цæрут, хъæбатыр фæсивæд? Зынг куыд æрæгмæ
хæссут Уырызмæджы æхсæвиуатмæ? Æви, Сырдонау, сымах дæр
тæрсаг стут? Цы уæ дзыхтæ ныххуыдтат?.. — Сырдон сыстад æмæ
Сосланы хъузоны бынмæ фемдзаст. Астæрды сыджыты рыгыл
чысыл доны саха рацыд. Бахудт Сырдон йæхимидæг æмæ афтæ
бакодта: — Иуæй-иутæ сæ быны мизынæй æвдисынц сæ лæджы-
хъæд. Фæлæ уæд хъуамæ дæ доны хуыппæй куырой разила, гæ-
бæр сæгъ, ды та?..
— Мæнæй афтæ цæй тæф кæлы, тфу, хæрджытæ, сымахимæ
балцы чи цæуы, уый дæр сымах хуызæн хæрæг! — бустæтæ кæны
Бурæфæрныг, фæлæ уымæ ничиуал хъусы, иууылдæр сæ дзы-
хыдзаг худынц, хъыллистытæ кæнынц — базыдтой, мæлæты та-
сæй фервæзтысты æмæ цин кæнынц!
Сæ цины уылæн куы ’рныллæг, уæд Уырызмæг афтæ бакодта:
— Сырдон, ме ’фсымæр, дæ хорз хорз у æмæ ма нæ æххæст
уæйгуыты уацарæй дæр фервæзын кæн. Ам ныхæстæй куы баз-
зайæм, уæд нæ уæддæр сырдтæ ныхсындзысты æмæ ма уæд ацы
æнамонд уæйгуыты та цæуыл цагътай!..
— Ме ’фсымæр, æрзил-ма дæ бынаты, кæд дарæсæй ныхæст
дæ, уæд дын ницы у, дæ хæлаф ам баззайдзæн, дæхæдæг гомсы-
244
дзæй ныффардæг уыдзынæ Нартмæ... — дзуапп радта Сырдон æмæ
та аджы бын арт фæтынгдæр кодта.
— Гъе, ме ’фсымæр, мæ хæлафæй баст куы уаин ацы дурыл,
уæд мын циу, фæлæ, æнхъæл дæн, мæ дзидза дæр, ме стджытæ
дæр нынныхæстысты, — æнкъард хъæлæсæй дзуры Уырызмæг æмæ
акаст йæ алфæмблай: иууылдæр сæхи батылдтой астæуæй уæлæ-
мæ, ома раст зæгъыс.
— Æмæ уын уæд æз цы кæнон, ме ’фсымæр? Цы мæ бон у? —
йе уæхсчытæ фенцъылдта Сырдон.
— Исты æрхъуыды кæн, ме ’фсымæр, уæйгуыты уæцъæфæй
нæ сластай æмæ ма нæ ам куыд уадзын дæ зæрды ис удæгасæй
уæйгуыты хæдзары, фæрныджы фынгыл бадæгау, — лæгъстæ кæны
Уырызмæг.
— Уе ’рбадæнтæ уын ралыг кæнын бахъæудзæн, æндæр дзы
ницы гæнæн ис, ме ’фсымæр, — загъта Сырдон, цыма сын сæ ных-
тæ кæнын кодта.
— Уый та куыд, уæд ма махæй цæй лæг ис: нал — цæуынæн,
нал — бадынæн, — смæсты Уырызмæг.
— Гъе, æмæ ам бадут лæгау-лæгтæй, цæуын уæ куы никуыдæм
хъæуы. Мæнæ уæ хæринаг уæ разы, — ацамыдта уæйгуыты мæрдтæм.
. — Дæ мæрдтæ сæ бахæрæнт! — нал фæлæууыд Сослан.
— Мæ мæрдтæн æз дæу фæлдисдзынæн, зылынкъах, дæу!
Иудзæстыг кусæрттагæн дæр кæд ницы уаид, и?!
.' Сослан ницыуал сдзырдта, хъуамæ йыл йæ цирхъ ныццавтаид
фæлæ уый дæр нæ бакодта: цирхъ ма мæм ис хæцæнгарзы номыл
æмæ йыл æй куы фехсон, уæд бынтон афтид армæй аззайдзынæн,
ууыл та æмбæлгæ ницы скæндзæн. Фæлтау æй ныууадзон, мæхи-
уыл ма йæ цы ардауын...
Иууылдæр ныхъхъус сты, Уырызмæгæй дарддæр Сырдонмæ
дзурын дæр йæ ныфс ничи хаста: се ’ппæт дæр азымджын уыды-
сты йæ разы — чи йæ комкоммæ æфхæргæ бакодта, чи та — йе
’фхæрæджы фарс уыд. Иунæг Бурæфæрныгæй зыдта хæрзиуæг
æмæ йæм уый та иннæты цæстмæ ницы дзырдта, ома мæн уæддæр
нæ ныууадздзæн рохуаты. Кæдмæ бадтаиккой афтæ къуырмайæ
дæр æмæ та йæм Уырызмæг бадзырдта:
— Цæй-ма, Сырдон, исты хос нын, афтæ дæр кæдмæ баддзыс-
тæм?..
— Сымах кæдмæ баддзыстут, уымæн ницы зонын, фæлæ æз
хъуамæ сфынæй кæнон мæнæ арты фарсмæ. Абон мæ уазал доны
бирæ фæдардтай æмæ ме стджытæ хъæрзæгау кæнынц нырма дæр,
ацы хъарм сын куынæ фæхос уа, уæд ма фæстæмæ куыд фæцæу-
дзынæн, нæ зонын.
245
Сырдон арт æрнымæг кодта. Аджы хуылф фыдисæй асхъаудта
æмæ дзы иу сгуыйы хай систа, ахордта дзы æмæ афтæ: «Фых у,
бæззы!» Аг фæстæмæ нымбæрзта: «Нæртон фæсивæд, æхсæвы хæрд
марг у, афынæй кæнут, стæй уæ райсом хорз фендзынæн басæй! —
йæхæдæг нымæт байтыдта арты фарсмæ æмæ сын куыддæр «Хæр-
зæхсæв!» загъта, афтæ йæ хуыр-хуыр ссыди. Сырдон æцæг фæл-
лад уыд абоны фæндагæй æмæ сæ мæстæймарæнтæй, уæйгуыти-
мæ хæстæй æмæ ныр хъармы, стæй æфсæстæй уайтагъд афынæй
æмæ бонмæ йæ къах дæр нал атылдта. Иннæ Нарт дæр рæдзæ-
мæдзæ кодтой, цы гæнæн ма сын уыди? Цалынмæ Сырдон рай-
хъал уа æмæ исты тæрхон рахæсса, уæдмæ сын стæлфæн нæй
æмæ мадзурайæ æркув-æркув фæкодтой, суанг райсомы хур ца-
лынмæ скаст, уæдмæ.
Райсом Сырдон раджы сыстад, йæ ахуыр афтæ уыд. Нарт ма
фынæй уыдысты, фæллад, æххормаг, мæлæты тасæй æфхæрд —
райсомы къæсæрыл се ’ппæт дæр афынæй сты. Сырдон сæм ба-
каст, бахудт сыл йæ рихиты бын æмæ дуармæ рацыд. Ирд, уазал
райсом, хуры цæст хъæлдзæгæй каст дунемæ, фæлæ хъарм гæзæ-
мæ кодта æрмæст. Сырдон йе уæнгтæ айвæзта, стæй кæрты сугты
цагъдæй цалдæр лыстæджы райста, ацъæлтæ сæ кодта æмæ арт
сæндзæрста агмæ.
Фæздæджы тæфмæ, сугты къæрццытæм нарт райхъал сты
иугай-дыгай, фæлæ цалынмæ Уырызмæг ракаст йæ цæстæй æмæ
сын «Уæ райсом хорз!» загъта, уæдмæ ницы дзырдтой, стæй схор-
хор кодтой, ам кæдмæ баддзыстæм, зæгъгæ?! Уырызмæг цы хъуа-
мæ загътаид, фæлæ Сырдонмæ уайдзæфы каст бакодта.
— Тагъд ма кæнут, ме ’фсымæртæ, æз дæр уæ кой кæнын,
мæнæ уын аходæн фыцын: дзидза — уæ дзыхтæн, бас — уæ цар-
мæн! — дзуапп радта Сырдон æмæ агæй тæфкалгæ исын райдыдта
дзидзатæ сивырмæ.
— Уый та ма цавæр хынджылæг у, лæппу, — смæсты Уырызмæг.
— Хынджылæг нæу, ме ’фсымæр, æцæг хабар у: сымах ахæм
сасмæй ныхæст баййæфтат æмæ йæ æхсидгæ дон батайын кæн-
дзæн æрмæст...
Ницыуал сдзырдта Сырдон, фæлæ йæ бадæн къæртайæ фæ-
нык ракалдта, стæй дзы тæвд бас систа æмæ йæ Уырызмæджы
æрбадæнтыл чъылдымырдыгæй ауагъта. Нырдиаг кодта лæг, йæхи
сивæзтытæ кодта, фæлæ нæма рахицæн йæ бадæнæй. Ахæм ми
бакодта Сырдон Бурæфæрныг æмæ Хæмыцæн дæр, стæй ноджы
кæстæртæй дæр цалдæрæн. Уый фæстæ бацыд Уырызмæгмæ æмæ
йыл схæцыд: «Сыст-ма, зæронд уырс, афон дын у!» Уырызмæг
фестъæлфыд æмæ æвиппайды фæхицæн йæ бандонæй, æрмæст
246
йæ хæлафы сыдзæг æмæ йæ фæлмæнты царм дурбандоныл азза-
дысты... Афтæ бакодта иннæ хистæртæн дæр, кæстæртæ куы фæ-
хицæн сты цалдæрæй, уæд сын сæ къухы фæсагъта къæрта — уæ
балцæмбæлтты суæгъд кæнут, мæн уе ’ппæтмæ не ’вдæлы, мæнæ
хистæртимæ аходæн исты акæнæм, зæгъгæ.
5
Уыцы бон уым фæулæфыдысты, басгæрстой уæйгуыты цæрæн,
цы дзы ссардтой, уыдон рафснайдтой сæ рифтæгтæм æмæ ныр
уæйгуыты фос кæм уыдзысты, зæгьгæ, мæты бахаудтой. Рацыдысты
коммæ, фондз боны фæцагуырдтой, фæлæ ницы ссардтой æмæ
сæргуыбырæй рараст сты быдырмæ. Доны сæ рахизын кæм хъуыд,
Уырызмæджы йе ’ккой кæм хаста Сырдон, уырдæм куы рахæццæ
сты, уæд Сырдон афтæ зæгъы Уырызмæгæн сусæгæй: «Рынчыны
’фсон скæн æмæ ам лæуу мемæ, æз — дæ рынчынгæс, Бурæфæр-
ныг — дæ хæринаггæнæг. Иннæты ауадз æмæ Хæмыцимæ быдыр-
мæ ныйивгъуыйæнт æмæ нæм уым æнхъæлмæ кæсæнт». Уырыз-
мæг нæ бамбæрста, Сырдон цæй тыххæй амоны ацы хин бакæнын,
фæлæ йæ уырныдта, цыдæр хорз дзы ис, æмæ уайтагъд сразы.
Баззадысты Сырдон, Уырызмæг æмæ Бурæфæрныг, иннæтæ хъаз-
гæ адымдтой, ома иугæр ацы зæрæдтæй фервæзтыстæм, уæд ныр
исты амæлттæ кæндзыстæм, нæ тых искæуыл сфæлвардзыстæм!..
Кæстæр барджытæ хъæды куы фæаууон сты, уд Сырдон рар-
гом кодта йæ сусæг фæнд: «Уæйгуыты фос кæм сты, уый æз зонын
æмæ сæ не ’ртæ раскъæрæм. Цæугæ фæстæмæ комы хъæлæсмæ!»
Рухс ма уыд, афтæ бахæццæ сты цъупсæр лæгæтмæ æмæ
Уырызмæджы рахизæн дуары цур ныууагътой, Сырдон æмæ Бу-
рæфæрныг мидæмæ бацыдысты æмæ рахъæр кодтой фосыл. Раст
талынгтæм нæ фесты æддæмæ тард уæйгуыты фос: хъуццытæ, гал-
тæ, фыстæ, сæгътæ, хуыскъæгтæ...
Фондз боны бахъуыдысты быдырмæ фæндагыл Уырызмæги-
тæ. Уырызмæг цыди разæй, фистæгæй, саргъыл бадæн ын нæма
уыди, кæстæртау йæ иу агъдыл бадын та йæ сæрмæ нæ хаста.
Фæстейæ Сырдон Æрфæныл раскъæр-баскъæр кодта æмæ фосæй
иуы дæр дзæгъæл нæ уагъта. Бурæфæрныг дæр ын æххуыс кодта:
йæ бæхыл уæргътæ сæвæрдта, хæринагæй сæм цы уыд, уыдон
æмæ фосы фæдыл цыд, йæ бæхы та йæ разæй скъæрдта.
Фæндзæм бон фæссихор рахицæн Уырызмæг комы дзыхæй,
хъæды фæдджийæ æмæ йын йæ фæдыл утæппæт фос куы ауыдтой
нæртон бæлццæттæ, уæд дисы бахаудтой. Уырызмæг сæм ницы
сдзырдта, йæ цыды кой кодта дарддæр, фос дæр йæ фæдыл цыды-
247
сты, сахуыр ыл сты, æмæ йæ зыдтой, цалынмæ урсбоцъо цæу сæ
разæй уа, уæдмæ цæуын хъæуы, куы ’рлæууа, уæд та — улæфын,
æхсæвиуат.
Фæцыдысты афтæ дыууæ къуырийы. Уырызмæджы ницыуал мæт
уыди: сæ фæндаг фæрæстмæ, æрмæст ма куы ныххæццæ уаиккой
æвыдæй сæхимæ, уæд хъуыддаг иттæг хорз рауад. Ничи сæ фæ-
хъуыд, афтæмæй фæллой та бирæ! Кæд ма сыл тыхгæнæг нæ амбæ-
ла æмæ сæ æмбæлæггаг бирæ нæ дома, уæд — Хуыцауæй бузныг!
Ничи сыл амбæлд, афтæ æрбахæццæ сты сæхи бæстæм. Ныр
Уазайы урс сæр армытъæпæныл æвæрдау зынди, дыууæ боны цыд
ма у Нæртон бæстæм, сæ райгуырæн уæзæгмæ, ницæмæйуал сын
у тас! Схъæлдзæг сты бæлццон адæм æмæ та схъæл ныхæстыл,
æппæлæн зæрæйы уагыл фæхæст сты. Дзурын байдыдтой, сæ фос
куыд уардзысты, ууыл. Уæлдай арæх ской-ской кодта Хæмыц æмæ
йæм иуахæмы над фæлæууыди Бурæфæрныг:
— Дæу та дзы чи фæрсы, хæдмæлхор, цæй хай дæм дзы хауы?
Æви сæ уæйгуытæй ды байстай гъе, сæ ды ссардтай, гъе сæ ды
раскъæрдтай?..
— Æмæ дæуæн цы дæ уæлфад гал лæууы, фаджысы бæркъа,
кæд мын сбæлццон лæг дæ?! — сриуыгъта Хæмыц.
— Хæрæг, æмæ ды кæд сбæлццон дæ, адæмы устыты фæдыл
зилынæй куы рафтыдтæ, уæд?! — ныррыхыди Бурæфæрныг дæр.
— Алæ-ма æз дын дæ рæйæн дзыхыл къæрццæздухæн бакæ-
нон, хæрæг! — йæхи байвæзта Хæмыц Борæйы фыртмæ.
Сырдон æй ацахста æмæ йæ змæлын дæр нал суагъта. Бурæ-
фæрныгмæ ничи фæцарæхст иргъæвæг æмæ йæхи ныццавта Хæ-
мыцыл, ралæууыд ыл ехсы хъæдæй æмæ йын йæ сæры туг акалдта.
— Суадз мæ хæрæг! — ныббогъ кодта Хæмыц. — Ды дæр уый
æмдзæхдон дæ! — йæхи бæргæ атон-атон кодта Хæмыц, фæлæ йæ
Сырдон кæм уагъта, йæ къухтæ йын æрцахста æмæ йын сæ йæ
фæсчъылдым фæкодта. Бурæфæрныг æй æгæр куы надта, уæд
уый дæр ариуыгъта къахæй æмæ йæм йæ чъылдым фæзылдта, ома
мæн цæв фæлтау, фаг дын у. Бурæфæрныг уый нæ бамбæрста
æмæ йæ цæфтæй æруад Сырдоныл дæр. Сырдонæн цæфтæ фæрыс-
тысты æмæ феуæгъд кодта Хæмыцы. Уый ацух-мух кодта размæ,
стæй фесхъæл æмæ йæ цирхъы фистон ацахста. Бурæфæрныг ба-
зыдта йе ’намонд: иугæр Хæмыцы къухы цирхъ бафтыд, уæд ын
ехсы хъæдæй ницы бакæндзынæ. Нæ уыд Фæрныг цирхъимæ ар-
хайынмæ дæсны æмæ йæ зыдта, Хæмыц æй æркæрддзæн, фæлæ
исты амал хъæуы... Иргъæвынмæ куы фæци Сырдон, уæд йæ
лæдзæг ахауд æмæ уый ауыдта йæ тыхсты заманы Бурæфæрныг.
Фелвæста йæ æмæ йæм Хæмыц æлвæст кардимæ куы ’рбатахт,
248
уæд цъилау зилын систа æмæ ма дзы Хæмыц йæхи цы хызта, æн-
дæр йæ бон ницы уыди. Æндон лæдзæг-иу цирхъыл куы сæм-
бæлд, уæд-иу сæ цæхæртæ фæйнæрдæм цыхцыр ныллæууыдыс-
ты. Хæмыц дзы старст æмæ уый дæр йæ цирхъыл дыууæ къухæй
ныххæцыди, афтæмæй дзы хызта йæхи. Уæддæр иуахæмы лæ-
дзæджы кæрон баирвæзт Хæмыцы зæнгмæ æмæ дæ балгъитæг афтæ —
зæнджы ’лхуый фæдыууæ æмæ Хæмыцæн йæ тъæпп зæххыл фæ-
цыд. Фæрныг уый æнхъæл нæ уыд æмæ ма уæддæр йæ лæдзæг
тылдта, фæлæ йæ уыцы уысм фæстейæ ацахста Сырдон æмæ йæ
æрбырста:
— Сабыр, ард дæ хæдзары бацыд, лæджы амардтай!
— Афтæ йын хъæуы куыдзæн! Суадз мæ æмæ йæ æххæст ным-
марон!
— Цæугæ дын зæгъын, ме ’фсымæр кæй у, уый дæ рох ма уæд! —
сбустæ кодта Сырдон, лæдзæг ын йæ къухтæй стыдта æмæ йæ
ариуыгъта.
Уæдмæ æрбакалдысты фæсивæдæй иу къорд лæппуйы æмæ
Фæрныджы адде кодтой. Хæмыц дæр йе ’муд æрцыди æмæ æрт-
, хъирæнтæ систа, сыстын йæ бон нал уыд æмæ æндæр цы кодтаид.
— Æз дын фенын кæндзынæн, фæлæуу, фаджысы хъæндил!
Дæ туг дын дæ хъæлæсæй чи суадза, уый дын мæнæ а лæппу!
— Кæд ма дыл аны’дзæвон, уæд дæ мæ карды ком нал раздах-
дзынæн, фæлдыст хæрæг, рагæй дæм мæ маст скъуыйы! — йæ
тымбыл къух ныттилы Бурæфæрныг йæ сыдзыл бадæг Хæмыцмæ.
— Кæд мæ дæ рæсугъд усы мæстытæ исынмæ хъавыс, æрдызт
хæрæг?!
— И-и-и! — ныхъхъыллист кодга Фæрныг, цыма йын туас фæгьыс-
тæуыд йе ’рбадæнты æмæ йæ иргьæвджыты æхсæзæй йæ фæдыл ра-
ласта иуцалдæр санчъехы. — Мæнгард хæрæг, ноджы мын æй дæхи
дзыхæй дзурыс! А лæппу дын дæ хурх ныллыг кæндзæн, багъæц!..
— А лæппу дын дæ рæсугъд усæй бирæ хæттыты фæхъазыд,
Фæрныджы хæрæг, бирæ хæттыты!..
Фæрныг йæхи зæххытыл фæхоста, фæлæ йæ нал рауагътой йе
’фхæрæгмæ иргъæвджытæ. Уæдмæ Сырдон иу стыр пыхс ракод-
та, нымæт ыл байтыдта æмæ уый уæлæ ласын райдыдтой Хæмыцы
кæстæртæй дыууæ лæппуйы. Изæры йын арты рухсмæ Сырдон та
йæ къахы састыл фæрсчытæ сæвæрдта æмæ дыккаг бон уæлбæ-
хæй æрбахæццæ Хæмыц сæ хъæумæ.
Фос хъæумæ нæма бауагътой, афтæ бæлццæтты стырæй-чысы-
лæй æрæмбырд кодта Уырызмæг: байуарæм, зæгъгæ, нывыл.
Бирæ фæрадзур-бадзур кодтой æмæ сын æрæджиау Сырдон
загъта:
249
— Ныууадзæм нæ райваз-байваз. Ацы фосыл фыццаг мæ бар
цæуы: уæйгуыты æз фæцагътон, фосы æз ссардтон, скъæргæ та
сæ мæнæ не ’ртæ æркодтам. Æмæ мæ фæндон у афтæ: фосы ’рдæг,
ам цы адæм уыди Нартæй, уыдон!..
— Ам фос иумæйаг у æмæ сын алчи йæхи хицау ма кæнæд! —
хъæр систа Сослан, фæлæ йæ фарс ничи фæци, Уырызмæг та йыл
хъæр скодта, банцай, зæгъгæ, æмæ ныссабыр уый дæр. Уæд Уырыз-
мæг загъта:
— Сырдон, ме ’фсымæр, дæ барты тыххæй раст загътай, фæлæ
мах балцы иумæ уыдыстæм æмæ фос хъуамæ æмвæндæй уарæм.
Æцæгæлон исчи дыл куы амбæлдаид, уæд ын æмбæлæггаг лæвæрд-
таис? Æнæмæнг! Уæдæ дæ балцæмбæлттæн сæ хай куыд исыс?
— Хай нæ исын, фæлæ зæгъын: фосæн се ’рдæг у, Нартæй ам
чи баззад нæ фæстæ, уыдон. Се ’рдæг сын рахицæн кæнæм æмæ
сæ æз хъуамæ мæ уды номыл, нæ — не ’ппæты номæй байуарон
хъæубæстыл, се ’ппæтыл: усæй, лæгæй, сывæллонæй. Нарты зæх-
хыл алы лæгæн дæр хъуамæ уа хай нæ хæрзæбонæй дæр æмæ нæ
фыдбылызæй дæр!
— Разы! — барджыны загьд кодта Уырызмæг. — Лæппутæ, ахи-
цæн кæнут фосы ’рдæг. Алцæмæй дæр æрдæг — сæгъæй, фысæй,
стурæй.
Сырдон æмæ Бурæфæрныг цалдæр лæппуимæ авзæрстой фосы
’рдæг, сæ дзæбæхдæртæ æмæ сæ дæллаг хъæуы хизæнты ’рдæм
аздæхтой. Сырдон Бурæфæрныджы уæрстмæ уадзгæ дæр нæ ра-
кодта, ома ды ацы фосмæ дæ хъус фæдар, дæ хай дын æз райсдзы-
нæн. Йæхæдæг рацыд иумæйаг фос уарынмæ, цæмæй та макæй
хай бакодтаиккой сæхи гуыппырсартæ.
Уырызмæг кæддæриддæр авд галы иста хистæйраг, фæлæ йын
ныр Сырдон бауагъта раттын æрмæст иу нард дыгæрдыг, кусæрт-
таг. Хъыг уыд Уырызмæгæн, фæлæ ницы сдзырдта, нæ йæ фæн-
дыд Сырдонимæ хыл кæнын, бирæ хæрзты йын бацыд ацы фæн-
дагыл æмæ та йæ цалдæр стуры тыххæй йæхимæ сфыдæх кодта-
ид, уый йæм зын касти. Фæлæ уæддæр уæрст иууыл аив нæ ацыд.
Хæмыц уæлбæхæй касти хъуыддæгтæм. Саргьыл иувæхсыгæй бадт,
йæ баст къах армытъæпæнæй рæвдаугæйæ, æмæ Бурæфæрныджы
фос куы рахицæн котой, уæд афтæ бакота Сосланæн:
— Лæппу, дæ разы ма уыцы фос мæ уæттимæ бакæн. Уый мæ
туг дары æмæ мын æй фосæй уæддæр бафида!.. Стæй уый фаджы-
сы гуырд у æмæ та ссардзæни...
,— Дæхи æнцад куы ’руадзис, хæмпæлбоцъо, æндæра дын иннæ
къах дæр исчи ныссæтдзæни. Ничи дæ кæны искæй фосы хицау, —
фæлæбурдта йæм Сырдон æмæ Сосланы размæ балæууыд.
250
— Иуварс дын зæгъын, дæумæ нæ хауы Фæрныджы хабар! —
ныхъхъæр ыл кодта Сослан æмæ та хыл скъобор уыдаид, фæлæ
сæ Уырызмæг ахицæн кодта:
— Уæгъды ма хъæртæ кæнут чысыл сабитау!.. Уасджытæ стут
æви, кæрæдзийыл уæхи цы ныццæвут?! Ды, лæппу, нæхимæ цæу-
гæ, æмæ нæм цы ’рхауди уæрсты, уыдон бафснай. Хæмыц, ме
’фсымæр, ды дæр зыд ма кæн, кæд дæ Фæрныг бафхæрдта, уæд
дзы фос æгъдауыл æрдом, науæд рскæй фос тыхæй исын, уый
дæр нæхи уæзæгыл, уымæй худинагдæр цы ис?! Ныууадз уыцы
хъуыддаг.
— Хорз, фæуæд дæ фæндон, фæлæ уæд æз скъæрын Сырдоны
фос. Уый уыди мæ иргъæвæг. Уый тыххæй мыл сæмбæлд ацы
цæф, стæй уый лæдзæгæй æмæ йæ хай мæнмæ цæуы! Иу сæныч-
чы хъус дæр ын дзы нал ратдзынæн!..
Сырдон фæуыргьуыйау æмæ йæм дзурын ницыуал сфæрæзта:
йæхи тыххæй дзурын æм зын фæкасти, йæ сæрыл та дзурæг нæ
фæци æмæ Хæмыц фос аздæхта сæхирдæм уæлбæхæй. Сырдон
йæ фæдыл касти, йæ лæдзæгыл дыууæ къухæй хæцгæйæ, æмæ
, йæм худæгау зынди хабар: фос уый самал кодта, афтæмæй дзы
афтид армæй уый хъуамæ фæцæуа сæ хæдзармæ!
— Аскъæр сæ, ме ’фсымæр, фæлæ сæ цы фæфос кæнай, уый-
иу фæстæдæр лæппутæн раппæл. Æрмæст мын сæ дзæбæх схæсс,
хъуынабоцъо, æз мæллæг фыдызгъæл нæ уарзын. Хъусыс, хæд-
мæлхор, ма дæ ферох уæд!..
Хæмыц фæстæмæ дæр нæ ракаст, фос аскъæрдта æмæ сæ йæ
кæртмæ баздæхта. Хорз нæ фæкаст уыцы хъуыддаг Нарты фæси-
вæдмæ дæр, Уырызмæгмæ дæр, уый нæдæр уырнгæ кодта Хæмы-
цы хъуыддаг, фæлæ сæ куы баздæхта сæ кæртмæ, уæд Сырдонæн
афтæ:
— Мæсты ма кæн, ме ’фсымæр, æз дын сæ йæ фындзы хуынчъы-
тæй стондзынæн, кæдæм мын ирвæзы. Æрмæст, дæ фыдыстæн,
ныртæккæ хылыл ма ныллæуу. Худинаг у адæмæй, хъæубæстæй.
— Куы ницы хыл кæнын, нæ хистæр. Иу стуры тыххæй уæд та
йæ мадызæнæджы чи мары... Æниу, чи зоны, марын уый хъæуы,
фыццаджыдæр. Хионæй тыхгæнæг, уый фыдгулты фыдгул у, ме
’фсымæр! — загъта Сырдон æмæ сæхимæ цæуыныл фæци, æцæг
ма фæстæмæ иу каст фæкодта æмæ радзырдта гуыппырсартæн се
’ппæтмæ дæр: — Хæмпæлзачъейы та фосы фаджысы куыд сыз-
мæнтдзынæн, уый уæхи цæстæй фендзыстут рæхджы!..
Никæй зæрдæмæ фæцыд Хæмыцы хъуыддаг Сосланæй дард-
дæр, фæлæ сыбыртт дæр ничи скодта. Ныхъхъус сты æмæ фæй-
нæрдæм фæцыдысты Нарт.
251
6
Зымæг аивгъуыдта. Уалдзæг ралæууыд æмæ та адæмы зæр-
дæйы бацыд царды монц æмæ ныфс. Æцæг, хæринаг хæрз цъус
баззад адæммæ, фæлæ уæддæр нал тарстысты нæдæр сыдæй мæ-
лынæй, нæдæр фидæны мæгуырæй. Кæрдæг фæцъæх, фос хизын-
мæ ацыдысты, рæхджы хуым кæнын райдайдзысты æмæ нæмыг
зæххы бын куы фæуа, уæд фæззæг мацы ’рхæсса, уый гæнæн
нæй. Ныззадысты хъуццытæ, сæгътæ, фыстæ æмæ ис æхсыр, ис
дзидза. Адæм сæ тауинаг нæ бахордтой æмæ — уый — сæ амонд,
æрмæст фæтагъд хъæуы хуым кæныныл, науæд сабитæ кæмæн ис,
уыдон цы кæной, куыд фæразой сæ чысылты тыхстмæ кæсын?
Куыд сæ бахæрам кæндзынæ, сабитæн тауинагæй дзæрна куы скæ-
ной, уæд?.. Хæраймаг нæ уыдысты, фæлæ фидæнмæ сæ тыхстыл
ног тыхст бафтдзæн, æмæ уый хъуыдиаг у.
Сырдон зыдта уыцы хабæрттæ, нымад ын уыдысты, æмæ ра-
гæй бацæттæ кодта Борæтæ æмæ Алæгаты хуым кæнынмæ. Абон
хуыцаубон у æмæ сæ ныр бирæ нал хъæуы æнхъæлмæ кæсын:
дыццæджы хуыммæ цæуынц! Æппæтæй дæр цæттæ сты, нæ фе-
хæлди сæ фæззæджы цæдис — иумæ кусын сæ зæрдæмæ фæцыди
фæсивæдæн æмæ та ныр дæр иумæ кусдзысты, къордтæ-къорд-
тæй, сæ кусæнгæрзтæ дæр рæхджы фесты æмпъызт æмæ фæса-
сынк Алафарнæн æмæ Армимазæн. Ныр ма сæ каст у æрмæст
дыццæгмæ æмæ боны хорзмæ.
Æцæг иу хъуыддагыл тыхсы Сырдон: Хæмыц ын йæ фос æцæг
бахордта! Дымды фод, загъта йæхинымæр Сырдон, фæлæ ма дзы
галтæ уæддæр куы бафтиккой мæ къухты, науæд хуым цæмæй
бакæнон? Æртæ хъуджы, дыууæ галы æмæ иу ссæдз та лыстæ-
джытæ фæци Сырдоны, ноджы дыууæ дыгæрдыджы. Иу сæныч-
чы хъус дæр ыл дзы нал бафтыд æмæ ныр уалдзæг куы ’рцыд,
уæд ма йæ зæронд хæстæ кæм нымадтаид Сырдон дæр, фæлæ нæй
гал, стæй сабитæн дæр хæринаг ницыуал уыди, утæппæт фосæй
ма иучысыл уæддæр куы бафтыдаид къухы, уæд ын цы уаид, фæз-
зæгмæ аирвæзид истæмæйты æмæ стæй хъуыддаг йæхи йæхæдæг
амонид. Фæлæ кæм и, куыдзы хæрд ын бакодта йæ фос сылваз
Хæмыц!..
Хуыцаубоны ма йæм фæстаг хатт барвыста хатæг Хæмыцмæ
Уырызмæджы: мæ фос мын радт æвыдæй, уæд та галтæ æмæ ды-
гæрдгуытæ, иннæтæ дæ хъуыры аирвæзæнт!.. Къуырисæры йын
Уырызмæг бамбарын кодта: ницы къух дæтты, нæ коммæ кæсы,
мæхæдæг, дам, цы бахæрон, уый агурын... Цæй гал ма, дам, мæм
ис — бахордтон сæ, мæнæ ма мæм цалдæр дыгæрдыджы ис æмæ
252
мæ уыдон та куывдæн хъæуынц — иннæ хуыцаубон, дам, мæ лæп-
пу Батрадз зæдтæ-дауджытимæ æрцæуинаг у уæлæрвтæй æмæ,
дам, сын уыдон хъуамæ аргæвдон!..
Уырызмæг дæр маст кодта, фæлæ цы йæ бон уыди. Æрмæст ма
афтæ бакодта: «Уæртæ ма нæхимæ хуыскъæгтæ иудзæвгар ис ’мæ
дзы раскъæр дæ сабитæн дыууæйы, стæй фæззæджы исты уыдзæн
дæхицæн дæр æмæ махæн дæр». Бамбæрста йæ Сырдон, æфстау ын
сæ кæй дæггы, æмæ йын уый дæр бæргæ хъыг уыди, фæлæ сæ райста,
тыхст лæг йæ хъыгтæ нал фæнымайы, æрмæст йæ зæрдæ ныддур
фырмæстæй: куыд мын хъуамæ бахæра уыцы куыдз мæ тугвæллой
тæлммæ, ома мын уæддæр ницы хъом у, уадз æмæ рæйа, æз та æф-
сæстæй зарджытæ кæндзынæн!.. Нæ дын батайдзæн мæ сывæллæт-
ты тæригъæд, хæдмæлгуыбын! Æз дын Бурæфæрныг нæ дæн, дæ
дыууæ цæсты астæуæй дын дæ гæбæр фындз фелвасдзынæн!
Къуырисæризæры Сырдон ссыди Æхсæртæггаты ныхасмæ. Уым
бадти Хæмыц дæр æмæ адæм куы ’рбамбырд сты, уæд ын Сырдон
афтæ зæгъы:
— Мæ мады зæнæг, мæнæ нæ мыггаджы хуыздæртæ иууылдæр
ам сты æмæ ма мын уыдон цур бамбарын кæн: цæмæ гæсгæ мын
хæрыс мæ фосы хай? Нæ мæм æмбæлди, æви балцы ды мæнæй
фылдæр исты басгуыхтæ, æви дæ исты дарын?.. Радзур адæмы
’хсæн хъуыддаг: кæнæ мын мæ азым бамбарын кæн, кæнæ мын мæ
фос рауадз де скъæтæй тæккæ ацы изæр. Уыдонæй иу куынæ сара-
зай, уæд-иу мæ ма рахъаст кæн, ницы дын ныббардзынæн, мæ хис-
тæр æфсымæр кæд дæ, уæддæр. Тыхмийæн Сырдон никуы барста
æмæ нæ ныггæдзæ кæндзæн ныр дæр! Нæ фехъуыстон ма зæгъ.
Ныр æнхъæлмæ кæсын дæ дзуапмæ. Рæстмæ куы ницы зæгъай,
уæд-иу райсом раппæл ныхасы лæппутæн дæ хъæбатырдзинад!..
— Уæллæй, диссаг дæ, ме ’фсымæр! — уæлбикъон каст кæны
Хæмыц Сырдонмæ. — Фароны конд хуым ма ацы аз исчи кæрды?
Цы уыд, уый уыди. Дæ фосы хай мæ кæртмæ барæдыдысты æмæ
сæ афыхтон, ахордтон, уæдæ цы уыдаид?.. Кæстæр дæ æмæ мын
уыцы лæггад куы бакæнай, уæд цас диссаг у?! Æз физонæг хæ-
рынмæ рагæй æмхиц дæн, уый нæ зыдтай, гормон? Цæй фос ма
мæ агурыс? Фесты хæрд! Гукк! Мауал мæ фæрс, мауал мæ знæт
кæн дæхимæ!
— Хорз, фод уый дæр: кæй дзы фæдæ хæрд, уый дын тайæн
фод, фæлæ ма дзы нырмæ цы ’рхæццæ, уый та мæнæн радт. Чы-
сыл сабитæ мын ис, хæрын сæ хъæуы. Хуымы гæппæлтæ мын ис —
кæнын сæ хъæуы. Мæ дыууæ галы æмæ мын мæ дыгæрдгуытæ
раздах, иннæтæ дын хæлар фонт!
— Лæппу, куы дын загътон, ницыуал мæм ис. Фæци ныхас
253
æмæ дæ фæндаг дар дæ хæдзармæ. Мæн дзурынмæ не ’вдæлы,
иннæ хуыцаубон мæм дыууиссæдз зæды æмæ дауæджы хуынды
сты æмæ уый мæт мæ сæрæй уæлдæр у, ды та мын галтæ æмæ
дыгæрдгуыты кой кæныс, цыма мæ дзыппы сты!
— Дæ дзыппы не сты, фæлæ де скъæты сты æмæ сæ рауадз.
Мæхæдæг сæм куы бацæуон, уæд дын зынаргъдæр слæудзæн, уый
дæ зæрдыл дар! — ныллæг хъæлæсæй, фæлæ тынг уæндонæй барт-
хъирæн кодта Сырдон.
— Хуыцау дæ ууыл кæд бацардауа, уæд дæ ахæм тæстытæ
ныккæндзынæн, æмæ дæ дæ кæфхор фыд дæр нал базондзæн! —
баныфсæвæрдта Хæмыц.
— Уæдæ-иу дæ хуыдоны раз лæуу, фаджысхор! Тæккæ райсом
кæд де скъæты баст галтæ мæ хуымы дзывыры ифтыгъд нæ уой,
уæд æз мæ фыдæн, æцæг, лæппуйæн ма сбæззон. Æмæ кæд лæг
дæ, уæд-иу мæ разы балæуу! — мæстыйæ загьта Сырдон æмæ
фæзылд фæстæмæ, тызмæг цыд ракодта ныхасæй.
Адæмæй чидæртæ бауайдзæф кодта Хæмыцæн, радт, зæгъгæ,
лæгæн йæ фосы муртæ, фæлæ сæ Хæмыц хъуыды дæр не ’ркодта.
Æцæг дзы тас бацыди, мыййаг ын ахсæв æцæгæй куы адава йæ
фос Сырдон, уæд худинаг кæны!.. Ацы хингæнæгæн цы нæ бан-
тысдзæн... Фæлтау скъæты сбон кæндзынæн: цалынмæ фос ме
скъæты сты, уæдмæ сæм ничи ницы бар дары, куы аивгъуыйой,
уæд сæ фæдыл атутæ кæн!
Уыцы хъуыдыйæ Хæмыц скъæты схуыссыд. Куыфы йын иу
чысыл холлаг уыд, ууыл нымæт дыдагъæй бамбæрзта æмæ йыл
ныххуыссыд. Куыфы схæцæнтæ та дуармæ сарæзта: дуар исчи
кæны, зæгъгæ, уæд Хæмыцæн æнæ райхъал нæ уыд. Ацу æмæ ды
уырдыгæй исты радав!..
Дуæрттæ бæргæ фидар сæхгæдта Хæмыц, фæлæ йын ницы
фæахъаз уый дæр. Æхсæвы Сырдон мыст фестад, абырыд дуары
бын. Мидæгæй сыстад, акæстытæ кодта æмæ къулыл гæрзбæндæн
æмæ синаг суыдта. Æвиппайды йæм фæзынди ацы зæронд уыр-
сыл адæмы фæхудын кæныны фæнд. Хæмыцæн йæ сæр йæ дзык-
кутæй фелвæста æмæ уый фехъал, фæхъæр кæнынмæ хъавыд,
фæлæ йын Сырдон ахæм цæф фæкодта фыййаджы тъæпæнæй,
æмæ ницыуал базыдта, бауадзыг. Сырдон ын йæ къæхтæ æмæ йæ
къухтæ йæ чъылдыммæ сбаста синагæй, стæй йæ куыфимæ иумæ
гæрзбæндæнæй бабæстытæ кодта, йæ дзыхы йын фидар къæрмæг
нытътъыста æмæ йæ æд куыф дуармæ рахаста. Уым ын йæ цæс-
гом цъыфы самæзта бынтондæр, афтæмæй йæ ныхасы астæумæ
раласта æмæ йæ уым ныууагъта.
Аскъæрдта Сырдон, йæ фосæй ма цы аззад, уыдон: дыууæ галы
254
æмæ æртæ дыгæрдыжды. Дыгæрдгуытæй иу æрбаргæвста уыцы
райсом — уадз æмæ сабитæ сæхи бафсадой, стæй йæм хуым кæ-
нынмæ чи кæса, уыдон дæр дыгæрдыджы фыд Хæмыцæй къад-
дæр науарзынц... Галты баифтыгъта æмæ сæ хуыммæ аскъæрдта —
уым æм æнхъæлмæ кастысты йе ’мбæлттæ: раздæрау та ныр дæр
æртæ къордæй иумæ хуым кодтой Алæгатæ æмæ Борæтæ — Сыр-
дон, Алафарн æмæ Армимазы бал! Сæ къордты балтæ хуыдтой,
кæд тыхкæнынмæ никуыдæм цыдысты, уæддæр, фырбуцæн, тых-
джын кæй сты, уый нысанæн!
Хæмыцы райсом фыццаг хъæуы сабитæ базыдтой æмæ алчи
дæр згъордта хæдзармæ — «диссаг» радзурнымæ: Хæмыц, дам,
фаджысы куыфы абырыд гомæй, йæ дзаумæттæ йæ фарсмæ, аф-
тæмæй, дам, хуыссы ныхасы.
Фæдис кодтой, фæхудтысты адæм æмæ сластой Хæмыцы фа-
джысы куыфæй. Ницы загъта Хæмыц, бæрæг уыд æнæдзургæйæ
дæр — Сырдон не ’ртхъирæн сæххæст кодта, Хæмыцы ныхæстæ
дымгæ ахаста, зыгуымау!.. Ницы сдзырдта Хæмыц, фæлæ йæ ал-
чидæр зыдта, уый дæр ацы худинаг йæ сæрмæ не ’рхæсдзæн æмæ
Сырдонæн исты маст скæндзæн. Куыд æмæ цы, уый бæрæг нæ уыд.
Хæмыц ницы дзырдта, фæлæ ныффæнд кодта стыр фыдбылыз...
Хуымгæнæн йæ тæккæ тарфыл уыди. Хæмыцы худинагыл дæр
дыууæ къуырийы рацыд æмæ иугæр ницы сфæрæзта бакæнын уыцы
бонты, уæд дзы æнхъæл дæр ничиуал ницы уыд æмæ йæ ферох
кодтой. Сырдон дæр дыууæ хатты уыд ныхасы Æхсæртæггатæм,
уым-иу баййæфта Хæмыцы дæр, фæлæ йæм сыбыртт дæр никуы
скодта æмæ Сырдон загъта, æвæццæгæн, йæ мастисæн фæстæдæр-
мæ аргъæвта. Уыцы хъуыдыйыл ныллæууыд Сырдон æмæ æнхъæл
уыд, ома цалынмæ йæ хуымгæнд нæ фæци, уæдмæ йыл ницы ’рцæу-
дзæн. Фæлæ хабар афтæ нæ рауад...
Иу райсом, Сырдонитæ хуым кæныныл куы уыдысты, Зæри-
нæ — сихор цæттæ кæныныл, уæд Хæмыц сæ кæрты балæууыд.
Уым ничи разынд. Зæринæ уæларынг уыд, уæливыхтæ кодта æмæ
йæ не ’вдæлд, сабитæ та фæсхæдзар Фатакуимæ хъазыдысты æмæ
Хæмыцы уыйадыл ничи фæхатыд. Фæныфсджын Хæмæц æмæ
хæдзармæ бараст койкоммæ. Зæринæ йæм фæкаст æмæ йæ цæсго-
мы уагæй, стæй йе ’нæгъдау æрбацыдæй фæхатыд, — ай рæстмæ
уазæг нæу!.. Хæмыц йæхæдæг æгъдау кæм фехæлдта, уым дзы
Зæринæ дæр нал фефсæрмы:
— Чи дæ, цы дæ хъæуы? Тыхæй цæмæн бырсыс искæй хæдзар-
мæ?..
— Къæу-къæу ма кæн, фæлæ зæгъ, дæ хъæвдынтæ кæм сты? —
фæхъæр кодта Хæмыц æмæ йæ сау цæсгом ноджы туджы азылд.
255
— Фесæф ардыгæй дын зæгъын, æндæра ныртæккæ ныхъхъæр
кæндзынæн æмæ дæ ам уырды над скæндзысты, æдзæсгом цы-
дæр! — смæсты Зæринæ æмæ йæ къухтæ хыссæйæдзаг кæй уыдыс-
ты, ууыл фæфæсмон кодта: æртысгæн ыл ныцъцъæл кæнин!..
— Кæм сты дæ хъæвдынтæ дæ фæрсын, гацца цыдæр, науæд
дыл Борæты хæрджыты схизын кæндзынæн! — ныхъхъæр кодта
йæ дзыхыдзаг Хæмыц ’мæ йæ хъæр фехъуыст Фатакуймæ.
— Фесæф ардыгæй, хæрæг цыдæр! — фырмæстæй адæнгæл
Зæринæйы æнæрцæф зæрдæ, фелвæста æфсæйнаг æртысгæн æмæ
дзы Хæмыцы сæрæн ахъаззаг цæф фæкодта. Хæмыц æнхъæл нæ
уыд, фæлæ уæддæр йæ сæр фæстæмæ федзæг кодта æмæ æртыс-
гæны кæрон æрфыджы къæдз ахауын кодта, тугæй цæсты къуырф
айдзаг.
Хæмыц фæбогъ кодта:
— У, гаццатæй ма чи баззад! — фелвæста цирхъ æмæ дзы усыл
ралæууыд. Æркъуыхтæ йæ кодта æнамонд усы. Фыццаг цæф йæ
галиу уæхскыл æруад æмæ ма йæ тæвдæй арынгмæ фæзылд, исты
йыл фæкæнон, зæгъгæ, фæлæ йын нал бантыст, дыккаг цæф сæм-
бæлд къæбутыл æмæ уæнты астæу рагъыстæджы хъултыл. Ус ба-
хауд йæ хыссæйы уæлæ. Æртыккаг цæф ма фæкодта Хæмыц усы,
стæй, йæ агъды фæлмæны цыма цалдæр фаты ауад, уыйау фæци:
уый Фатакуйы дæндæгтæ нынныхстысты йæ агъды хæцъæфы.
Куыдзы фæдыл æрбазгъордтой чысыл лæппутæ дæр æмæ тарст
хуызæй кæрæдзи фæдыл алæууыдысты. Цы ’рцыди, уымæн ницы
бамбæрстой, æрмæст сæ сæ мады цурмæ бацæуын фæнды, фæлæ
нæ уæндынц ацы æнахуыр стыр æмæ тæссаг лæгæй. Уый ноджы
фестъæлфыд æмæ Фатакуыйл балæууыд цирхъæй: цы йын кодта,
цæмæн æй цæвы?!
Фатакуй, фыццаг цæф ыл куы сæмбæлд, уæд базыдта, йæ хъуыд-
даг хорз нал у, æмæ къах феуæгъд кодта, фæлæ цонгыл йæхи
ныздыхта. Хæмыц æм йæ галиу цонг фæдардта æмæ Фатакуйы
фидар ссыртæ цонджы хъул ацахстой: Хæмыц ахъуыды кодта,
куыдзы фæуадзон, æндæра ацы хъæвдынтæ алидздзысты æмæ
къухы нал бафтдзысты... Уыдон куы бахъомыл уой, уæд та нæ
мыггагскъуыд фæкæндзысты!.. Йæ цонджы мæт дæр нал æркод-
та, фæхаста цирхъ æмæ дзы ралæууыд æнахъом сабитыл. Цыхты
карст сæ скодта мæгуыр сабиты. Фыртасæй лидзынæн дæр нал
уыдысты. Фатакуй ма уый дæр бамбæрста, хæцын рахиз армыл
кæй хъæуы, уымæй кæй мары йæ фыдгул сабиты, æмæ ма йæ
фæ;стаг тых радта уыцы фæндиагмæ. Фæхæст рахиз цонджы фæл-
мæныл, фæлæ уæлæнгай хæст фæци. Хæмыц йæ къух куы атъæпп
кодта, уæд цонгæй æрмæст иу кæрдих аззад йæ дзыхы. Хæмыц ма
256
иу хаст фæкодта йæ цирхъ, фæлæ уымæн дæр йæ бон бирæ ницы-
уал уыди æмæ куыдзæн йæ дымæг æрдæгыл ахауын кодта, стæй
йæ цæстытæ атартæ сты. Ахауд Хæмыц, йæ фарсмæ тугкалгæ
ныффæлдæхт Фатакуй дæр.
Куыдз раздæр æрчъицыдта æмæ базыдта: бинонтæ фесæфтыс-
ты, ныр ма кæд Сырдон исты сараза, æндæр ничиуал ницы схос
кæндзæн атæппæт фæдбылызтæн... Тыхæй-фыдæй сыстад æмæ
рараст Сырдонмæ хъæргæнæг хуыммæ.
Æрчъицыдта æрæджиау Хæмыц дæр æмæ йæ алыварс куы
акаст, уæд базыдта, цы стыр фыдбылыз сарæзта, уый. Зыдта, кæй
йын нæ батайдзæн, уый дæр, фæлæ фæсмон ницæуыл кодта, æр-
мæст ын хъыг уыд, сылгоймагмæ йæ къух кæй райста, уый — адæм
ыл фæхуддзысты! Йæ зæрдæйы рæбын та цин кодта — Сырдонæн
йæ хъæстæ нал уыдзæн зæххыл!
Куыдз хæдзары кæй нал уыд, уымæй Хæмыц базыдта — хабар
рæхджы фехъуысдзæн Сырдонмæ æмæ уæд уымæн дæр цæргæйæ
нал у, фæлæ æмбæхсын хъæуы!.. Сыстад дзойтæгæнгæ, æмæ йæ
цирхъы ’нцæйтты рараст Уæллаг Нартмæ. Фæндагыл хъуыды код-
та: чи мæ бавæрдзæн, мæхи бон ницыуал бауыдзæи æмæ мæ сфи-
зонæг кæндзæн уыцы хæрæг?.. Йæ зæрдыл æрлæууыд Сырдон
æмæ Сосланы хыл. Сослан!.. Уый, æрмæст уый! Мæ ирвæзынгæ-
нæг!..
Хъæугæронмæ нæма схæццæ, афтæ, æцæгдæр, ауыдта Сосла-
ны уым иунæгæй лæугæ. Хæмыц куы фæцæйцыд Сырдоны цæрæн-
уатмæ, уæд æй федта Сослан æмæ фæхатыд, хæрзæбоны фæнда-
гыл кæй нæ цæуы Хæмыц. Фæндыд æй базонын, цы бауыдзæн,
æмæ йæ цæст дардта Сырдоны къæсмæ хъæугæронæй — уырдæм
дзæбæх зынд. Ныр бынтон æрæджиау Хæмыц, дзойтæгæнгæ, куы
рахызт хæдзарæй, уæд Сослан хъуыды кодта: а Хæмыц сылваз у
рагæй дæр æмæ та Сырдонæй дæр йæ маст ахæм хуызы ма иса...
Хæрæг у æмæ йын уый дæр бантысдзæн, ахъуыды кодта Сослан
æмæ хъуамæ фæстæмæ аздæхтаид, фæлæ йæм цыдæр лæмæгъ æмæ
тæригъæддаг хъæлæсæй фæсидт Хæмыц æмæ Сосланы зæрдæ нал
фæлæууыд — ныддугъ æм кодта.
Радзырдта йын Хæмыц йæ хабæрттæ, бинонты куыд ныццагъ-
та, стæй йыл сæ куыдз, куыд ныццавта йæхи æмæ йæ куыд бау-
уылдта, уыдæттæ. Æхсызгон уыд Сосланæн Сырдоны сабиты сыс-
къуыд, — йæхицæй йын уынгæджы стæм æмæ ма йын æртæ лæп-
пуйы куы бахъомыл уа, уæд нæ бынтон лидзинаг фæкæндзæн!
Фæлæ Алæгоны цирхъæй амарыны коймæ фæхъуыдыйыл. «Сыл-
гоймагмæ, сабиты мадмæ, уæларынгмæ йæ къух чи систа, уый
17 Сырлоиы цæссыгтæ
257
сæрыл Сослан куы сдзура, уæд худинаг кæны мыггагмæ... Нæ,
сылваз, уый бакодтай, уæд æз дæ сæрылхæцæг нал дæн, Сырдон
дæ физонæг куы скæна, уæддæр дын мæ бон ницы у! — загъта
йæхимидæг Сослан æмæ Хæмыцы ныхасмæ схæццæ кодта, фæлæ
йын уый афтæ куы сфæрæзта зæгъын, ома мæ уæхимæ акæн, ца-
лынмæ не сдзæбæх уон, уæдмæ, уæд Сослан цæхгæр алыг кодта:
— Сылгоймагмæ йæ арм чи иса, уымæн æз хъузон нæ дæн, ма
мæм бахат уымæй, — дæу тыххæй мæхи ие счъизи кæндзынæн!
Уайтагьд базыдта йæ бон Хæмыц æмæ ницыуал сдзырдта, фæлæ
ма йын уæддæр йæхи Уырызмæг æмæ Сатанайы размæ бакæнын
кодта: мæ тæрхон уыдон фод, уæддæр мæ мадызæнæг уыдон сты!..
Фатакуй æрмæст фæссихæрттæм ныххæццæ хуыммæ: цалдæр
хатты ахауди, бауадзыг-иу, фæлæ та-иу куы ’рчъицыдта, уæд та-
иу цудтытæгæнгæ араст йæ фæндагыл. Сырдон æй дардмæ фæха-
тыд æмæ конды кæронмæ куы ’рбахæццæ, уым æвиппайды куы
’рхауд, уæд æм разгъордта, йæ дзывыр фæуагъта, афтæмæй. Куы-
дзæн йæ дымæг æрдæгыл лыг, йæ иу синыл уыдисныйы дæргъæн
арф хъæдгом, æвæццæгæн, цирхъы цæфæй... Марды хуызæн фæци
Сырдон, базыдта: цыдæр фыдбылыз æрцыд хæдзары!.. Фелвæста
Фатакуйы йæ хъæбысы, дурыны йын дон кæм уыд, уырдæм ба-
уад, дон ыл æркалдта æмæ Фатакуй куы ’рчъицыдта, Сырдон ис
йæ цуры, уый куы базыдта, уæд зæрдæхалæн ниуд систа.
Сырдон лыгьд радта хæдзармæ. Сагсуримæ иумæ кодтой хуым.
Сырдоны хæдзармæ тындзгæ куы ауыдта, уæд фæдисы — цы йыл
æрцыд, зæгъгæ дæр куы ницы кодта, йæ галтæ дæр ифтыгъдæй
фæуагъта, фæдзæхсгæ дæр сæ нæ акодта... Цыдæр фыдбылыз
æрцыд, æндæра Сырдон афтæ никуы кодта... Фæдзырдта йе ’мдзæ-
дис лæппутæм, сымах уал хуым кæнут, зæгъгæ, Сырдоны галты
та уадзгæ скæнут, уадз æмæ хизой. Йæхæдæг араст Сырдоны
фæдыл.
Сырдон йæ хæдзар гомдуарæй куы ауыдта, уæд хорзау нал
фæци. Бадзурын æй фæндыд йæ лæппуты номæй, фæлæ йæ бон
не сси, Зæринæмæ фæдзырдтаид, уый та йæ цæсгом нæ бахъæцыд
æмæ къуырмайæ балæууыд къæсæрыл. Ауыдта: лæууынц йæ са-
битæ, кусартау, уæнгтæ-уæнгтæй; фалдæр — арынгыл дæлгоммæ
фæлдæхтæй —Зæринæ, йæ къухтæ хыссæйæдзаг, арынджы хыссæ
туджы малы... Дуне йыл аталынг, йæ зæнгтæ йæ быны фæдыдагъ
сты, къухтæй ма дуары тигъмæ бæргæ фæлæбурдта, фæлæ йæ нал
баурæдтой, размæ бахауд, йæ къухтæ ма байвæзта йæ хъæбултæм,
фæлæ сæм нал баххæст, пырхбазырæй баззад хæдзары сыджыт-
дзарыл.
258
7
Æнæхъæн Нарт æрæмбырд сты Сырдоны бинонты сæфтмæ.
Сырдоны лæбурын нæ бауагътой уыцы изæр. Сагсур æмæ Ала-
фарн, Армимаз æмæ Бурæфæрныг йæ разы сыстадысты æмæ йын
загътой — кæд нæ истæмæ дарыс, нæ дзырд нын кæд лæджы ны-
хасмæ исыс, уæд ныууадз дæ лæбурын... Нæ сын састи уæддæр
Сырдон æмæ йын уæд Алафарн афтæ зæгъы: «Сырдон, ахæм æбу-
алгъ ми нæ уæзæгыл фыццаг хатт æрцыди æмæ ды та хуымæтæ-
джы лæбурдæй исынмæ хъавыс дæ маст? Бацу æмæ дæ туджджы-
ны цирхъæй æркæрд, уый ницы мастисæн у, ме ’дылы зондæй.
Фæлтау нæ сæфт адæмы сæ сыджыты хайыл сæмбæлын кæнæм,
æгъдау сын радтæм, нæртон æгъдау, æмæ стæй ам нæ уыдзыстæм,
куы йæ зоныс, æз бæлццон лæг уыдтæн æмæ мæ къух фидар у, мæ
зæрдæ тыхджын — лæгмарæн æз, дæуау, тæригъæд нæ зонын. Ды
маст нæ исыс, не сфæлдисæджы раз рæстдзинад кæныс æмæ дын
мæнæ мæ арм — дæ цуры уыдзынæн кæддæриддæр...»
— Æз дæр! — сирвæзт Сагсурæй. Уый ныртæккæ дæр разы
,уыд Хæмыцмæ бабырсыныл, уымæй йæ рагон маст райсыныл,
фæлæ нæ уæндыд йе схъæр кæнын.
— Æз куырм лæг дæн, фæлæ ма кæд истæмæн сбæззин рæстаг
хъуыддаджы. Сразы у, Сырдон, Алафарны фæндыл, стæй уæд æз
дæр — дæ хæстонтæй иу. Мæнæн дæр мæ рахиз цонг рачындæуы-
ди, фæлæ уал дæ масты фæдыл ма ацу, нæ мæгуыр адæмы уал бавæ-
рæм, — йæ куырм цæстыты сыг тымбыл къухæй сæрфы Ардагъу.
— Æз дæр разы дæн. Ныртæккæ уал æгъдау радтæм, стæй уæд
ам нæ уыдзыстæм. Хæцæг лæг никуы уыдтæн, фæлæ иу тыхгæнæ-
джы фаг суыдзынæн æз дæр, — нымайы йæ фæндиæгтæ Армимаз.
Ныллæууыд сæргуыбырæй сæ разы Сырдон йе ’фсæйнаг лæ-
дзæджы æнцой æмæ йæ фындзы хъæлæй кæлынц йæ цæссыгтæ.
Хъуыды кæны, цы сараза?.. Раст зæгъынц йæ уарзон адæм: мæрд-
тæн æгъдау радтын хъæуы, стæй та уæд мастисыны рад ралæу-
дзæн... Зæрдæ нæ лæууы, æндæра раст зæгъынц... Стæй балæбу-
рынæй дæр цы ис, науæд кæдæм лæбурыс? Йæхи хæдзары иæ
уыдзæн, уый бæрæг у. Кæд искæмæ ис, уæд Уырызмæгтæм уы-
дзæн, æмæ мæ фыдæлты хæдзары мæ мадызæнæджы мæхи къухæй
куы аргæвдон, уæд уый цы лæгдзинад у? Æнустæм худинагæн
баззайдзæн мæ кой, ферох уыдзæн уыцы сау куыдзы фыдми, фæлæ
адæм сæ зæрдыл дардзысты, йæ мадызæнæджы чи аргæвста, уый
ном... Нæ, афтæ нæ, раст зæгъынц ацы лæгтæ — стыр фыдбылы-
зæн стыр мастисæн хъæуы! Фæлæ цы?!
Бирæ фæсагъæс кодта Сырдон, басур сты йæ цæсты бынтæ
259
дæр, бафæлладысты æнхъæлмæ кæсынæй Алафарнитæ дæр, фæлæ
йæм ницы дзырдтой, — иугæр лæбурыныл лæуд нал у, уæд хъуыды
кæнæд, цы хъуамæ æрымыса хуымæтæджы мастисынæй дарддæр?
Фæрабар-бабар кодта Сырдоны цырд æмæ æппæтуынаг зонд,
февзæрста алы мастисæнтæ, фæлæ дзы йæ зæрдæмæ æрмæст иу
фæцыди: фæлдисын! Бæхтæ фæлдисынц, фæллæйттæ, фæлæ ныр-
ма никуы уыд лæг фæлдыст... Фидис æй кæнынц, «фæлдыст лæг»,
зæгъгæ, фæлæ нæртон адæмы ’хсæн ахæм ми ничима бакодта,
ныр хъуамæ æрцæуа, ныффæлдисдзынæн уыцы хæрæджы æмæ
йыл уадз æмæ Мæрдтыбæсты йе ’ккой бадгæ бæхдугътæ уадзой
мæ чысыл хуртæ... Æндæр сын цы ныффæлдисон, куы ницы мæ
къухы ис!.. Нæ, иу хъуыддаг ма ис мæ къухы — кадджын адæм-
тæн сæ мæлæты бон сæ мардыл амадтой сыджытæй обау, армæй
конд обау... Æз мæ зæрдæйы скъуыддзæгты бавæрдзынæн æрдзон
обауы бын. Æлыгобау уыдзæн сæ уæлмæрд!.. Æлыгобау!.. Фæл-
дисын!.. Фæци ууыл, аскъуыддзаг!.. Стæй мæ никæй æххуыс
хъæуы — мæ туджджын у мæ мадызæнæг æмæ мæхæдæг фидау-
дзынæн йемæ, искæй арм хъуамæ ма фæхæццæ уа, не ’хсæн цы
стыр хæрам ис, уымæ...
— Хорз, уæ дзырд фод, — загъта æрæджиау Сырдон. — Æгъдау
раттæм нæ сæфт адæмæн... Ницы сын мæ бон у, мæнæ сын уыцы
æнамонд фосы муртæ аргæвдут, сæ хистæн бахъуыдысты, фыд-
дæр фыдæлгъыст мыл æрцыд æмæ цы кæнон, — йæ цæссыг та
ныггæр-гæр кодта Сырдонæн. Æгъдау сын ницы мæ бон у раттын,
фæлæ мын мæнæ ацы хъæды иу æрдуз ис, Кæрдойы æрдуз. Уым ис
стыр обау, Æлыгобау хуыйны, æмæ сæ уый рæбын хъуамæ бавæ-
рон... Кады адæм сты, уый нæ зæгъын, фæлæ сыл æбуалгъы фыд-
былыз кæй сæмбæлд, уый тыххæй сын уыцы лæггад мæ бон у æмæ
сын æй хъуамæ бакæнон... Æз мыггагыскъуыд фæдæн æмæ мæхæ-
дæг куы ахицæн уон а дунейæ, уæд-иу мæн дæр уым бавæрут...
А мæ туджджын та мæ мадызæнæг у æмæ йын цы ми кæнон,
уый мæхи хъуыддаг у. Сымах уыцы туджы хабары нæ хæццæ
кæнын. Уый мын мæхи бар бауадзут. Маргæ йæ нæ акæндзынæн,
цæмæн мыл хъуамæ сбада дунейы раз мадызæнæгхоры ном?.. Уадз
æмæ уый ном баззайæд фидисæн... Фæлæ дзы мæ маст нæртон
ист кæй ракæндзынæн, уый зонут, стæй йæ хъусгæ дæр фæкæн-
дзыстут йæ афоныл. Уадз æмæ уал хизæд...
Стыр бузныг уæ лæггадæй: бахызтат мæ æдылы маст исынæй
æмæ æнæгъдаудзинадæй! Ныр у, æмæ мæм мæнæ Сагсур æмæ
Армимаз фæкæсæнт Æлыгобауы бын ингæн къахынмæ. Алафарн,
Ардагъу, сымах мæрдджын стут мæнау æмæ цæут адæммæ, æгъ-
дау раттут. Зæгъут кæстæртæн æмæ хисты фосмæ сæ хъус фæда-
260
рой... Сом хист кæнæм æмæ нæ судзаджы мæрдты хъуамæ æгъда-
уыл бавæрæм... Æз æндæр ницы зонын, кæд разы стут, уæд кæ-
нæм не ’гъдау...
Бавæрдтой мæрдты Æлыгобауы бын. Скодтой стыр хист.
Уыдысты дзы нæртон адæм се ’ппæт дæр стырæй-чысылæй, Сос-
лан, Хæмыц мæ Сатанайæ дарддæр. Дыууæйæ Сырдонæн йæ ту-
джджынтæ уыдысты, Сатана та сæ фарсхæцæг кæм уыд æмæ йæ
Сырдон кæй зыдта, уыйадыл йæ цæсгом не ’рбахъæцыд Сырдо-
ны мæрдты раз йæхи равдисын. Нæ баурæдта æрмæст Уырыз-
мæджы зæрдæ — цыдæр азым хаста йæхимæ дæр æмæ хисты
фынгыл бадти æппæты сæрæй, фæлæ йæ цæссыг нæ урæдта, йæ
куывд кæронмæ никуы ахæццæ, йæ богъ-богъ та-иу райхъуыст:
«Оу, мæ сæры бон!»
Ницы зыдтой адæм Уырызмæджы хабарæн — цæмæн афтæ тынг
хъыг кæны?.. Иутæ нымадтой, ома Хæмыц йæ фаззон æфсымæр
кæм у, уым æм азымæй хауы æмæ ууыл кæуы. Иннæтæ та уый
хастой рæгъмæ, зæгъгæ, Сырдоны фыццаг лæппу мæрдтæм Сос-
ланы къухæй бацыд, Уырызмæджы лæппуйы, æмæ ныр та ноджы
иннæты дæр Хæмыц кæй ныццагъта, уым афтæ цæуы, цыма Сыр-
доныл æмдзырд бакодтой, хъуамæ йæ æвæстаг фæкæной, зæгъгæ,
æмæ Уырызмæг уыцы худинагæй тæрсы...
Нæ, нæ базыдтой уæддæр адæм Уырызмæджы хъыгæн йæ
чысыл хай дæр. Уырызмæгæн йæхицæн сывæллон нæ цард. Адæ-
мы рафæлдисæг æй ралгъыста, йæ хойы кæй ракуырдта, уый тых-
хæй æмæ йын зæнæг нæ цард. Уырызмæг йæ зæрдæ дардта йе
’фсымæртыл — Хæмыц æмæ Сырдоныл, — кæд уыдонæн рацæуид
даргъ-уæрæх фæсивæд æмæ сæ уый зæрдæ дæр рухс кæнид, фæлæ
уымæй дæр ницы цыдис: Хæмыц цыдæр Хуыцауы ’лгъыст фæцис
æмæ адæмы сылтыл бафтыд, йæхицæн ус нæ хаста... Иуахæмы
Быцентæй æрхаста иу чызг æмæ йын уый дæр уайтагъд æрбамард,
иу лæппу йын дзы баззад, фæлæ уый дæр кæмдæр уæлæрвты зæд-
тæ-дауджытимæ хъеллау кæны, хæдзарыл хæцгæ нæу... Сырдоны
лæппуты та ацы дыууæ фыдбылызы фæцагътой... Æмæ куыднæ
кæуа — Æхсæртæггаты мыггагæй кадджындæр нæ уыд æмæ нæ
уыдзæн Нартмæ, сæ хистæр та Уырызмæг у æмæ сын уыцы чысыл
зонд нæ бацамыдта, кæрæдзи куыд уарзой, æмвæнд-æмудæй куыд
цæрой... Кæрæдзи бахордтой æмæ уый Уырызмæджы аххос дæр
у æнæмæнг... Зоны Уырызмæг йæ азым Сырдоны раз, зоны уый
дæр, æмæ йæ цард раст фæткыл амад кæй нæ уыд, фæлæ йæ ныр
кæй нал раивдзæн æмæ æвæстаг кæй фæуыдзæн уый аххосæй
Æхсæртæггаты тыхджын æмæ кадмондаг мыггаг... Зоны ноджы-
дæр: Сырдоны сабитæ куы рацардаиккой, уæд стыр кады адæм
261
кæй уыдаиккой, æппæт Нартæн æххуысы адæм æмæ сын цæрын
кæй нæ бантыст, уый Уырызмæджы аххос дæр уыд... Æмæ кæуы
Уырызмæг, нæ уромы йæ цæссыг...
Адæм бахордтой хист æмæ фæцыдысты сæ хæдзæрттæм. Сыр-
дон иунæгæй баззад йе ’намонд къæсы. Æмæ йыл ныр æртæфстысты
йæ уыраугæ маст æмæ æнусон иунæгдзинад. Мастæн ницыуал хос
уыд райсынæй дарддæр, фæлæ йын йæ иунæджы зындзинад чы-
сыл рогдæр кодта Фатакуйы мæт. Куыдз тынг цæфтæ уыд æмæ
Сырдон, хъæбулау, зилын райдыдта Фатакуймæ: иунæг уый ма
йын баззад а дунейыл. Æрвыл райсом æмæ йын изæр уыдта, сæрс-
та, баста йæ хъæдгæмттæ, хæринаг ын лæвæрдта, йæхицæн цы
уыд, уый; йемæ цыди уæлмæрдмæ, Æлыгобаумæ æмæ уым дыу-
уæйæ иумæ куыдтой сæ судзгæ зиæнттыл...
Афтæмæй æртæ къуыримæ Фатакуй йæ къахыл слæууыд, æр-
мæст йæ дымæг цыбырæй баззад æмæ йæ ныр Сырдон иуæй-иухатт
«Цыбырдым» хонын дæр райдыдта. Чысыл фæлæууыд Сырдоны
зæрдæйы рис дæр, фæлæ йыл уый хыгъд тынгдæр тæфсын рай-
дыдта йæ маст райсыны катай. Ныр ссарын, æрцахсын æмæ ныф-
фæлдисын хъуыд Хæмыцы!.. Фæлæ кæм ис? Стæй йæ куыд æр-
цахстæуа, удæгасæй йæхи фæлдисын нæ уадздзæн, зоны йæ, уый
стыр худинаг кæй у, йæ марын та Сырдоны нæ фæнды. Уæддæр
æй агурын хъæуы. Æмæ зылди Сырдон бон-изæрмæ нæртон бæс-
тыл Фатакуимæ, агуырдта аивтæй, фæлæ ницы ’фтыд йæ къухы.
Бон-иу ын ницы уыд, йæхи ирхæфста фæндагыл, мастисæн хъуы-
дытыл æмæ фæндтыл, фæлæ-иу æхсæв иунæгæй куы баззад, арт-
дзæсты раз бадгæйæ, Фатакуй дæр йæ фарсмæ, уæд-иу йæ цæсты
раз сыстади йæ бинонты сæфт...
Уæртæ уым арынджы цур уæззау цирхъы цæфтæй ныххауд
йæ хыссæйыл Зæринæ æмæ йæ, чи зоны, ’сдзурыны бон дæр нал
фæци... Чысыл хъæбултæ кæрæдзимæ сæхи баппæрстой фырта-
сæй æмæ сæ лыстæг кæрдæнтæ скодта... Ничи фæци сæ цуры æмæ
сын цы кодтаид иунæг Фатакуй дæр? Хорз уыди уæддæр æмæ
йын йæ уæнгтæ баууылдтытæ кодта, æндæра йыл сæтгæ дæр нæ
бакодтаид — дзырдтаид: «Æз нæ уыдтæн!» æмæ йæ куыд багæды
кодтаис? Уынгæджы ран уыдис Фатакуй, фæлæ йæхи рауæлдай
кодта... Систа йæ хъæбысмæ Фатакуйы æмæ йыл тыхстытæ кæны.
Зоны йæ Фатакуй, ахæм рæстæджы Сырдон кæугæ фæкæны, æмæ
уый дæр нырхæндæг, нынниуынмæ йæ бирæ нал хъуыд. Æрæ-
джиау дзы, æцæг, сыхъуыст уынгæг хъæлæсы ниуын æмæ Сырдон
фæджихау: раст мæныл дæр афтæ ниуын æмбæлы, иунæг бирæгъы
ниуд!.. Нæ, афтæ худинаг у адæмæй, зæгъдзысты — сæрра ис...
Æрра дæн, уæдæ цы, фæлæ мæ зонд нæма батад æмæ худинаг у...
262
Иунæг бирæгъы ниуд! Йæ зæрдæмæ фæцыд Сырдонæн ацы ны-
хас, цыма зарæджы ном æрымысыд... Иунæг бирæгъы ниуд... Йæ
цæстытыл ауад зæрдæхалæн ныв: бирæгъ баззад иунæгæй, фæ-
цагъдысты йæ лæппынтæ, сæ мад, йæ балы бирæгътæ, иууылдæр.
Баззад ма æрмæст йæхæдæг, цагьды уæлдай... Хæстытæ æмæ хъæд-
гæмттæй... Искуы кæд фембæла æндæр бирæгъты балыл кæнæ
куыйты тугмондаг æрдонгыл, уæд æрцæудзæн йæ мæлæт... Æмæ
йæ фæндгæ дæр æндæр ницыуал кæны, æрмæст тохы куы сисид
йæ уд, йæ бирæ цæфтæй куынæ амæлид искуы къудзийы рæбын
миты хъæпæны. Æмæ ниуы, кæуы, хъарæг кæны иунæг бирæгъ,
фæстаг бирæгъ... Иунæг бирæгъы ниуд!...
Сырдоны зæрдæйы рæбын дзыназы уыцы хъарæг, фæлæ йæ
куыд рафæзма хъæлæсæй? Уæд, мыййаг, уый дæр бирæгъы ни-
уын куы сиса, худинаг у, фæтæрсдзæн Фатакуй дæр. Уæд та йæ
фæндырыл бафæлварин? Фыццаг хатт йæ хъуыдыйы æрцыд йæ
фæндыр. Рагæй дзы нал ацагъта, Хурафарнæн ма-иу дзы цыдæр-
тæ дилим-билим кодта, стæй уый куы ацыд, уæдæй фæстæмæ йæ
никуыуал райста йæ къухмæ...
Сырдон фестад æмæ рагъæнæй райста фæндыр æд æрдын.
Æрбадт йæ къæлæтджыны фæстæмæ, æрæвæрдта йæ хъæбысы
фæндыры къус æмæ баздыхта хъистæ. Æруагъта сыл æрдын æмæ
бахъыс-хъыс кодтой. Рагæй сæрст нæ баййæфтой, цымæ кæм ис
мæ мыдадзы къæртт? Ацагуырдта Сырдон къуымты зæрдæаивæй
æмæ ссардта хъиссæрдæн, ауагъта йæ хъистыл æмæ æрдынбосыл,
арæстытæ кодта фæндыры хæрæг æмæ та афæлвæрдта цæгъдын...
Райдыдта бирæгъы ниуд фæзмын. Сабыргай-цадæггай, къуызгæ-
къуызгæ, стæй чысыл уæндондæрæй цыдис ниуын, бирæгъы хъа-
рæг, Сырдоны æнæныфс марой.
Цæгъды Сырдон хъисфæндыр, хъусы Фатакуй æмæ уый дæр
кæуы. Кæуы йæхицæн, арты нымæг æвзæгтæм кæсы, афтæмæй.
Нæ уыны Сырдоны цæсгом, фæлæ бирæгъы ниуынæй хаты, уый
дæр кæугæ кæны... Ниуын цæуы куы фæсус æмæ сындæг хъæлæ-
сæй, куы та фæрæвдздæр вæййы, цыма ныхасыл фæвæййы хъа-
рæггæнæг, афтæ фæзыны Фатакуймæ, стæй та уынгæг хъæлæсы
бæрзонд хъаст райхъуысы æмæ зæрдæйы уидæгтæ сæлвасы, —
ныггæр-гæр кæнынц Фатакуйы цæссыгтæ, йæ зæрдыл æрбалæу-
уынц чысыл сабиты хъыллистытæ цирхъы фæхъилмæ, сæ чысыл
цæнгтæ ма-иу сæ сæрмæ фæдардтой, фæлæ уæззау цирхъы цæф
куыд баурæдтаиккой уыцы хыссæ цæнгтæ æмæ-иу сæртæ æрд-
джытыл фæдих сты...
Сырдоны цæстытыл дæр раст уыцы ныв уайы æмæ йæ мид-
зæрдæйы нывæнды хъарæг-зарæг:
263
Ой, мæ уынгæджы бон, сæныккау, дадтон
Уæлхох быдыры сæгъы фæдджытæ...
Ой, цы кæнон, дуне,
Æз ма ыссардтон
Мæ сонт хъæбултæй сæры æрдджытæ...
Дзыназы Сырдоны зæрдæ æмæ ма уæддæр йæ миднывы уынæ-
гау кæны — тæхуды йæ сабиты цæнгтæ болатæй куы фестадаик-
кой, куы баурæдтаиккой цирхъы цæфтæ йе ’рбацыдмæ, уæд сæ
бæргæ фервæзын кодтаид уыцы кæфхъуындарæй, фæлæ кæм ис
ахæм амонд, уый æрмæст лæджы фæндиæгты вæййы афтæ... Æмæ
тынгдæр ныдздзыназы зæрдæ:
Ой, тæхуды, тæхуды, лæппутæ,
Æфсатийы ифтонг фæндонæй куы уаид!..
Ой, уый уын куы фестадаин,
мæ сонт хъæбултæ,
Уæ саби æргъиуцонг æндонæй куы уаид!..
Ницы ис фæндонæй ацы дунейы, æрмæст фыдбылыз фыдбоны
фæдыл цæуы æмæ ды та фæразгæ кæн, ацы дунейыл иууыл æна-
мондддæр цæрæгой — лæг!.. Сидзæрæй фæцарди уыцы æнамонд
ус æмæ цы федта царды? Йæ хъæбулты йын радыгай бахордтой,
стæй та йын йæхимæ дæр бавнæлдтой хæрынмæ. Æмæ афтæмæй
та йе ’мгæртты ’хсæн, æхсинæг мæргъты ’хсæн куыд уа, уыйау
уыд. Æмæ хъарæг кæны Сырдоны зæрдæ Зæринæйыл: %
Ой, мæгуыр мæ бон, æхсинæг дæр та,
Цæнды дзылыйау, дуры бын бацъист...
Ой, цы кæнон, дуне,
Мæ иунæг сæр та
Хъæды халонæй иунæгдæр бацис!..
Æмæ æцæг цы кæнон, ацы тæригъæдджын дуне, цы мæ дæ
ныхтæ ныссагътай? Æз куы ницыгæнæг дæн мæ райгуырдæй фæс-
тæмæ, мæлдзыгыл дæр куы никуы фæлæууыдтæн, уæд мæм ацы
хъизæмæрттæ кæцæй кастысты? Цы дын кодтон, æгъатыр дуне,
цæмæн мын бахордтай мæ хъæбулты, мæ зæрдæ, мæ тых, мæ зонд,
мæ фæндиæгтæ?.. Нырма цардæй куы ницы федтон, уæд мæ цы
ныххафтай, уалдзыгон зæйау?.. Куы мын ахус кодтай мæ зæрдæ,
куы мын адавтай мæ сæрдыгон царды рад, уæд цы кæнон, уый ма
мын зæгъ?!
Ницы дзуры дуне Сырдонмæ æмæ уымæн йæ зæрдæ ноджы
уынгæг кæны йæхи æнамонд æмæ тæригъæдæй. Æмæ хъарæг
дарддæр ивæзы фæндыры къусæй, æлвисæгау кæны зæрдæйы су-
дзæгтæ:
264
Ой, мæгуыр мсе бон,
сæрдыгон хъазау,
Мит мыл ныууарыд удхары сонтсей...
Ой, цы кæнон, дуне,
цы ма мын баззад? —
Мастисæн æмæ тугуарæн бонтæ!..
Бирæ фæниудта, иунæг бирæгъау, стæй та уæд хъарæджы рай-
дианы фæлтæрмæ раздæхт: «...мæ сонт хъæбултæй сæры æрд-
джытæ!..» Ныр йæхи нал баурæдта Сырдон æмæ æцæгдæр йæ
дзыхыдзаг ныббогъ кодта, фæлæ йæ цæгъдын уæддæр нæ ныу-
уагъта: зæрдæ тъизы æмæ къухтæ сæхæдæг хъарæг хæссынц...
Фæндыры къусæй сыхъуысы фæсус хъæлæсы хъæрзын, бани-
уынц хъистæ, адæргæй сыл нырризы, ныдздзойтæ кæны æрдын-
бос æмæ сæ ноджы тæригъæддагдæр ниуын сыхъуысы... Æмæ та
Сырдоны донæй едзаг цæстытыл ауайы: æртæ сабийы сæ цæнгтæ,
урс, хыссæ цæнгтæ, дарынц сæ сæрмæ къæдзæй, кæд сæ бахизик-
кой цирхъы комæй æмæ адзалы бонæй... Æмæ баззад уыцы ныв
йæ цæстытыл ныхæстæй йæ мæлæты бонмæ. Фæндыры цагъд,
бирæгъы ниуд æрбаймысыд, уæд-иу йæ уæлвæд йæ разы сыстад
уыцы ныв: сабийы гом цонг къæдзæй лæууы йæ сæрмæ, йæхæдæг
тасæй цъупдзаг цæстытæй кæсы уæлæмæ, цирхъы æрхауинаг ком-
мæ, цыма йыл ныртæккæ айнæг къæдзæх рафæлдæхдзæн æмæ йæ
ныцъист кæндзæн, уыйау...
Æмæ та иуахæмы Сырдон уыцы иунæг бирæгъы ниуд куы код-
та, уæд æвиппайды йæ хъуыдыйы февзæрд: ацы ниуын хъуамæ
раздæры фæндырыл цæгъдгæ ма уа, ног фæндыр саразын хъæуы!..
Ног, æвирхъау, ацы стыр æнамонды æмсæр чи уа, ахæм фæнды-
ры цагъд!
Фæхъуыды кодта Сырдон джихæй æмæ йæ зæрдыл æрæфтыд
фæндыры хъистæ сабийы сæрмæ хъил цонгыл æрцауындзын...
Фæндыры бын фæуæд цонг æмæ уæхсчы стæг. Уæхсчы къуыбы-
зы бынат сабийы тарст цæсгом... цонджы æлхуыйыл ауыгъд хъис-
тæ баст сты фæндыры быныл. Фæлæ къус нал ис, уæд хъуамæ
хъистæ фылдæр уой, тыхджындæр, науæд сæ хъарæг никæмæ
фехъуысдзæн...
Бирæ фæцин кодта Сырдон йæ ног фæндиагыл, фæлæ йæ зыд-
та — уый нырма æрмæст зæрдæйы æрымысæггаг у, йæ саразын
зындæр у, чи зоны дзы цæугæ дæр ницы ракæна. Æниу бафæлва-
рын хъæуы... Æмæ Сырдон райдыдта агурын тæгæры хус лыггæг-
тæ, æвзæрста сæ, фаста сæ, уыдта сын сæ фыд, сæ тæгты баст,
стæй сæ хус кæнынмæ æвæрдта уæлхæдзар. Ног фæндырыл Сыр-
дон нæ тагъд кодта, кæд рацæуа — хорз, кæд нæ, уæддæр йæ
265
иунæджы хъарæг кæндзæни хъисфæндырыл... Фæлæ нырма сæй-
раг уыди маст райсын. Æмæ уый никуы рох кодта Сырдон.
Схауæггаг Сырдон, ныууагъта йæ хуымтæ дæр, йæ хæдзар дæр,
йæ фосы муртæй ма цы аззад, уыдон дæр — цалдæр рæуæды.
Бакодта сæ Сагсуры бар, йæхæдæг ма уыд æрмæст иу хъуыдда-
гыл: Хæмыцы ныффæлдисын йæ сабитæн!..
Хуымгæрдæн райдыдта, афтæ æруад йæ хъустыл, зæгъгæ,
Хæмыцы зæрдæ бахъазыд Сайнæг æлдары усмæ æмæ сæм уазæгуа-
ты ныффардæгзæронд сылваз!.. Сырдон загъта: гъеныр мæ хъуыд-
даг кæнгæ у, йæ разы бабадын хъæуы, иу къуыримæ уæддæр здæх-
дзæн, къуыртты дзы, мыййаг, нæ бады, стæй къуырийæ фылдæр
искæй хæдзары худинаг у æмæ йæ Сайнæг уым уадзгæ дæр нæ
ныккæндзæн... Хæмыцы хабар хорз зоны æмæ йын йæ усы æвдис-
гæ дæр ракæна, а-да-а!.. Цæуын хъæуы, Сайнæджы хæдзармæ
’ввахс бабадын хъæуы æмæ йæ уырдыгæй раласын хъæуы йæ къæ-
бутæй, уыцы хуыйы мыггаджы!..
Уый уыди йæ мастисæн фæндаджы райдиан. Æмæ зыдта Сыр-
дон: ацы фæндагыл ныллæууыд, уæд дзы фæстæмæ раздæхæн
нал ис. Уæд иу фыдбылыз иннæйы сайдзæн йæ фæдыл æмæ нал
ис здæхæн раздæры цардмæ. Æниу ма цæй цард уыди Сырдонæн
маст исынæй дарддæр... Фæлæ уыцы æнамонды фæндагыл абон
фыцаг хатт цыди æмæ йæ зæрдæ уынгæг кодта. Раздæр æм æртхъи-
рæны хуызы æнцон каст лæджы ныффæлдисын, фæлæ йæ ныр
аразын куы хъуыд уыцы фæндиаг, уæд рахатыд Сырдон, уый стыр
фыдбылызты райдиан кæй у, удуæлдайы фæндаг кæй у æмæ тыхсти
йæхимидæг. Фæстæмæ раздæхæн дзы нæй, уый зыдта, фæлæ
фыццаг къахдзæф уæддæр зын акæнæн уыди. Зыдта Сырдон: абон
у йæ раздæры царды фæстаг бон æмæ зылди йæ цæрæнуатыл, йæ
Кæрдойы лæзгъæртыл, йæ Уæйыджы саст хуымыл, йæ хæдзары
алыварс, йæ мыды цъæрттыл хъæды... Иу æхситт фæкодта Æр-
соймæ дæр, фæлæ никуыцæй фæзынд æмæ йæ ныууагъта. Фæс-
тагмæ ацыд Арпаданы былмæ æмæ уым федта йæ æлыгæй дзау-
мæтты сургæнæн... «Нал мын ис ардæм æрцæуæн дæр, — æнкъар-
дæй ахъуыды кодта Сырдон — мæ лæппуты хъуамæ сахуыр кодта-
ин, фæлæ ма цы...»
Сырдон бахæццæ, иухатт Фатакуимæ йæхи доны æппаринаг куы
уыд, йæ тыхстæй йæ фыдмæ куы ныхъхъæр кодта, уæд цы дурыл
бадти, уый размæ. Фатакуй уæлбыл æрхуыссыд æмæ уырдыгæй
касти йæ хицаумæ, зыдта йæ, ам бирæ нæ фæуыдзæн, кæдæмдæр
тагвд кæны æмæ йæ рæхджы фæстæмæ уæлбылмæ хъæуы. Сырдон
æрбадти дурыл æмæ йæ цæстытæ донæй айдзаг сты: ныр ма цы
зæгъид йæ фыдæн — цæрынмæ аздæхтæн, бæргæ, фæлæ мæ нæ
266
бауагътой æмæ ныр цард марыныл ныллæууыдтæн?.. Нæ, куыдз
лæджы амарын удыбæстæ у, уый марын хъуамæ ма хуыйнид! Æниу
цы уæлдай у, лæгæн йæ уд аскъуыдтай, уæд цардмарæн ми у, уæдæ
циу. Нал ис мæнæн цардмæ аздæхæн!.. — ныхъхъæрзыдта Сырдо-
ны зæрдæ æмæ уыцы уысм Арпаданы уылæн спуси æмæ дзы сзын-
ди Гæтæджы сæр. Нæ йæм сидти Сырдон, фæлæ йын, æвæццæгæн,
фехъуыста йæ тыхст ныхæстæ æмæ йæм йæхæдæг фæзынди...
Сырдон фестад æмæ доны уæрагмæ балæгæрста. Ныр дыууæ
санчъехмæ баввахс йæ фыдмæ æмæ йæ фыццаг хатт федта бæс-
тон-бæстæтты. Йæ цæсгом уыди дыккаджы Сырдоны цæсгом æмæ
лæппу фефсæрмы, йæ сæр æруагъта, стæй та йæм иу каст фæкод-
та æмæ ауыдта — йæ фыды стыр æмæ æрхæндæг цæстытæ уыдыс-
ты донæй сæ тæккæ дзаг, æмæ æвиппайды цæссыгтæ ныггæр-гæр
кодтой. Ихуарæгау калдысты Арпаданы уылæнтæм, дон-иу се
’рхаудмæ фæцæллахъ кодта. Сырдон фефсæрмы — уый мæн тых-
хæй æвзары мæ фыд ахæм хъизæмар! — æмæ уырдыгмæ ныккаст.
Уыцы уысм йæ хъустыл ауад сындæг-сабыр хъæлæс: «Фыдæвза-
рсен фæндаг равзæрстай, мæ хъæбул, фæлæ дын цы кæнон. Ныр
дын мæ бон ницыуал у, ас лæг дæ, хæд-зонд... Бафæлвар уый
дæр, цард алчи дæр йæхи бæрзæйыл хьуамæ фæрахæсс-бахæсс
кæна, оолат æфсондзау, æмæ йæ куы бафæраза, уæд æй æцæг
бауарздзæн æмæ базондзæн. Уæдмæ цард циу, уый нæ базон-
дзынæ æххæстæй, нæ дæр адæмы базондзынæ... Фæлвæрдтай
тæргай кæнын, фæлвæрдтай хицæнæй цæрын... ницы дын рау-
ад уымæй... Ныр зынгæй чи басудзы, уый доныл дæр фу кæны,
ома, уый дæуæй загъд нæ фæци. Тыхæн йæ ныхмæ тых æрæвæ-
рын бафæлвæрдтай æмæ дзы басыгъд дæ иунæджы сæр... Ныр
цæуыс мастисæн фæндагыл. Æнæрайы фæндаг у, зонын æй...
Фæлæ дын раздæхæн нал ис. Батон уыцы тæфæбон дæр. Уæд
хуыздæр базондзынæ цард æмæ адæймаджы, фылдæр сæ бауарз-
дзынæ æмæ, чи зоны, базонай, цард æмæ адæймаг уарзондзина-
ды хъæбултæ сты; фыдæх, хæрам, тых æмæ мастисæн ницы
бар дарынц цардмæ! Цу, бавзар... æндæр гæнæн дзы нал ис...
Бавзар æмæ дæ зæрдæ ссыгъдæг уа, дæ цæст хуыздæр уынын
райдайа, дæ зонд йæ гаччы сбада, нырма сонтзæрдæ дæ, уæд дæ
зонд зæрдиаг суыдзæн, дæ зæрдæ — зондджын. Цу, бавзар, мæ
хъæбул, æмæ бафæраз. Абырс дæ уды хæрам, ратт фæндаг дæ
зæрдæйы уарзондзинадæн...»
Сырдон хъуыста æмæ йæ цæссыгтæ лæдæрстысты йæ рустыл.
Уый уыд йæ раздæры цардæн хæрзбон æмæ, чи зоны, йæ фыдимæ
хицæны цæссыг дæр... Æрæджиау Сырдон йæ цæссыгтæ асæрфта
æмæ фæкаст, йæ фыд кæм лæууыд, уырдæм, фæлæ уым ничиуал
267
уыд, æрмæст ма Арпаданы уылæнтæ цыдысты раздæрау æнцад-
æнцойæ æмæ йын ластой йæ цæсты уыраугæ сыгтæ, хуымæтæджы
доны змæст æртæхтау...
8
Сырдон ныууагъта хæдзаргæсæй Фатакуйы. Ныууагъта йын,
хæрынæн бæзгæ йæм цыдæриддæр уыди, уыдон æмæ йын цæс-
тæнгасæй бацамыдта: ницы ис хæдзары хъахъхъæнинаг, фæлæ йæ
фарн, йæ рæхыс хъуамæ хаст ма ’рцæуой, ам бад æмæ сæм макæй
уадз æввахс. Кæд иу-дыууæ къуыримæ нæ зынон, уæд æй зон —
нал ис Сырдон, æмæ дæ сæрæн хуыздæр цы уа, уый кæн. Æндæр
дын ницы фæдзæхсын...
Рараст Сырдон йæ мастисæн фæндагыл æрдæгæхсæв, адæм
куы ныффынæй сты æмæ ма мæргътæй æрмæст уыг куы бу-бу
кодта, уæд. Ничи йæ федта, никæуыл фембæлд. Райсомæй уый
уыди нæртон бæстæй дард, Сайнæг æлдары хæдзармæ йæ бирæ
нал хъуыд æмæ фæсвæд хъæды тарфы бонасадæн райдыдта. Ныф-
фæлдæхт фæлладæй къалиуты цагъдыл æмæ уайтагъд афынæй.
Иугæр рараст йæ æнæрайы фæндагыл, уæд ницыуал хаста йæ
зæрдæмæ, дывæндæй йæм ницыуал уыд æмæ сабийы фынæй аци
уыцы райсомы хъæлæбайы мæргъты дунейы.
Фæссихормæ фæфынæй кодта, стæй йæхи ададжы доны цæх-
садта, цыдæр хус къæбæртæ ахордта доны тылдæй æмæ араст хъæ-
ды кæрæтты Сайнæджы галуан дзæбæхдæр æрысгарынмæ. Дар-
дæй суыдта, Сайнæг æмæ Хæмыц иумæ куыд рацу-бацу кодтой,
галуаны алфæмблай цы бæзджын сис уыди, уый сæрты. Сис, дыууæ
бæхджын лæджы кæрæдзи сæртыл куы слæууой, уымæй бæрзонд-
дæр, йæ уæрх та ахæм уыди, æмæ йыл Сайнæг æмæ Хæмыц фæр-
сæй-фæрстæм сæрибарæй, дыууæрдæм сæхи ирхæфсгæ, зылдыс-
ты æмæ цæуылдæр адджын ныхас кодтой: «Ныхæстæ кæн, сау
джиры мыггаг, ныхæстæ, хуыздæр æй бафсад дæ нозт æмæ дæ
хæрдæй æмæ дын кæд дæ усы искуыцæй суына, уæд мæм стæй дæ
къух авæр!» — хъуыды кæны Сырдон æмæ загъта, истыхуызы сын
базонын хъæуы сæ ныхасы сæр, чи зоны, кæд цæуинаг у, уый дæр
фæбæрæг уаид. Исты хуызы бацæуын Сырдонæн зын нæ уыд:
дзылы фестад æмæ галуаны сисы сæрмæ æввахс дурыл абадт, уым
хуымæтæджы дзынга фестад æмæ Хæмыцы куырæты æфцæгго-
тыл фæхæст. Æфцæггот рагæй нал уыд æхсад, хиды чъиу ыл ных-
хæцыд æмæ йæ тæф калди. Зын уыд уымæ смудын Сырдонæн,
фæлæ быхста, хъуыста дыууæ бæгъатыры ныхасмæ. Бирæ цæуыл-
дæрты сæм уыд ныхас æмæ Сырдоны уыцы хабæрттæ не ’ндæв-
268
той, фæлæ уалынмæ йæ хъустыл ауад хæснаджы кой... Дзæбæх-
дæр ныхъхъуыста Сырдон æмæ базыдта: Хæмыц свды Сайнæгмæ —
хæснаг скæнæм, кæддæра нæ чи фылдæр баназид бæзджынфых,
дзæбæхæнхъызт ронг! Чи фæрасыг уа, уый иннæмæн раттæд бал-
цы бæх.
— Гъе, мæ къона, — худызмæл цæсгомæй бадзырдта Сайнæг, —
цыма дæ уæ хæдзармæ дæ саргъ де ’ккой хæссын бахъæудзæн,
афтæ мæм кæсы.
— Уый дæр гæнæн ис, фæлæ мæнмæ та афтæ кæсы, цыма мын
сом ацафон, нæхимæ цæугæйæ, хъузон бæх дæр уыдзæни, — йæ
фæсал рихи адаудта Хæмыц.
— Мæгуыр фынтæй хъал! — афтæ мæнгæй нæ акæнынц. Ды дæ
бынаты бадгæйæ фынæй ыздухдзынæ, æз та ма гъæйтты рæгъы-
тæ уадздзынæн, — æппæлы Сайнæг, фæлæ Хæмыц цыма уымæй
нæ тæрсы, æрмæст æфсоны охыл афтæ бакодта:
— Цæуылнæ æртхъирæн кæнай: ронг дæ хардзæй у, дæхи арæзт,
æмæ дын, мæнæй-ма, хъыг ницы ракæндзæн, æрмæст уый дæр ны-
маинаг у, мæ хорз фысым, æмæ ацы нозт йæ рафæлдисæгæн дæр нæ
хатыр кæны. Ды йæ хицау кæй дæ, уый тыххæй дæм ома нæ ба-
хъардзæн, æз та расыг фæуыдзынæн, афтæ дзæгъæлы æнхъæлыс...
— Цæй, уый тыххæй цы дардыл дзурæм, рæхджы сихор цæттæ
уыдзæн, сбаддзыстæм æмæ бафæлвардзыстæм. Уæлдай дын ницы
бадардзынæн, æрмæст дыууæ нуазæны — иу дæ уазæггаг, иннæ та —
цыты нуазæн. Уыдон дæм æмбæлынц, æмæ дын сæ нæ байсдзынæн.
Фæлæ стæй дæ балцы бæх ам куы баззайа, уæд-иу хъаст ма ракæн.
Сырдон дарддæр хъусынмæ нал æрдардта йæ сæр — бæрæг ын
уыд хъуыддаг. Хæмыц хъавы Сайнæджы æдылыйы срасыг кæ-
нынмæ æмæ йын стæй йæ усы фæсайынмæ. Иугæр фысым куы
срасыг уа, уæд æм йе ’фсин æнæмæнг цæудзæн хуыссæнмæ акæ-
нынмæ, афтæмæй йæ фендзæн Хæмыц, февдисдзæн æм архъызы
дæндаг æмæ йæ æндæр ницы хъæуы, æхсæвы йæм ус йæхæдæг
цæудзæн... Зыдта Сырдон йе ’фсымæры гуымиры хинтæ æмæ йæ
нал фæндыд уыцы æдылы æппæлдмæ хъусын. Сом фæссихæртты
цæудзæн нæхимæ æмæ мын нал аирвæздзæн, йæхи бæхыл æй
ныббæтдзынæн, афтæмæй йæ ныффардæг кæндзынæн Æлыгобауы
уæлмæрдмæ...
Дыккаг бон сихорафон нæма сси, афтæ æцæгдæр, Хæмыц ра-
хызти Сайнæджы кулдуарæй йæ бæхыл æмæ ма йæ фæдыл ноджы
идадзæй ласта æндæр хорз балцы бæх æд саргъ — Сайнæг æлдар
йæ сæрмæ не схаста бæх æнæидон, æнæ саргъæй балæвар кæнын,
цæрæг лæг уыди æмæ йæ ном дæлæмæ нæ уагъта ахæм чысыл
ницæй тыххæй.
269
Уый куы федта Сырдон, уæд райста йæ лæдзæг, йæ фат æмæ
æрдын, йæ роныл бадзæбæхтæ кодта йæ фатдонимæ йæ цирхъ,
стæй тагъд-тагъд рацыд фæндаджы хъæбæрмæ. Хъæды астæу иу
ран æрбæрæг кодта, ардæм куы цыд, уæд, стыр сау дур, уый цур
хъуамæ бабада йæ разы ’мæ йæм рахиза æргом хæстмæ, ныр æм-
бæхстытæй нал у!..
Куыд сфæнд кодта, афтæ рауад йæ хъуыддаг. Сырдон дуры
фæстæ лæууыд æмæ йæ цæст дардта фæндагмæ. Уалынмæ æрба-
зынд Хæмыцы мукъу хъæды дзыхæй æмæ уымæй та йæ зарæг
фæраздæр:
Уой, ызнон, дам, федтон айнæджы мусыл
арсы късебыстæ!..
Уой, дысон, дам, кодтон Сайнæджы усæн
уарзон хъæбыстæ!.. —
хъым-хъымæг хъæлæсæй зарыд Хæмыц æмæ саргъыл дзойтæ код-
та фырбуцæн, ома мæ хорз суазæг кодтой æмæ æз дæр мæхи дзæ-
бæх федтон нозтæй!..
— Уæдæ хорз фæндагыл цыд фæдæ, зæронд сылваз!.. — йæ
размæ рахызт æмæ йæм тызмæгæй дзуры Сырдон. — Йæ цæхх, йæ
кæрдзынæй дæ хуыйы гуыбын байдзаг кодтай, йæ усæй йын фæ-
хынджылæг кодтай, ноджы ма дзы саргъы бæх дæр расайдтай?..
— Канд уый нæ, ноджы ма йын йæ усы астæубос дæр радавтон,
æмæ хуымæтæджы бос, мыййаг, нæу, сыгъдæг æвзист рæхыс у!
Сайнæджы ус дары ахæм ацы дунейыл, æрмæст иунæг уый!..—
раппæлыд Хæмыц, цыма æппындæр никуы ницы уыд хæрамы
хъуыддагæй уымæй Сырдоны ’хсæн.
Сырдон фыццаг джихæй баззад йæ къахбай ныхæстæм, стæй
йе ’ндон лæдзæг бæрзонд фæхаста:
— Зæхмæ æрхиз, хæрæг, æмæ æрнымайæм нæ хæстæ!.. Фæ-
цис дæ балц! Æрхиз дæлæмæ!
— Сæрра дæ æви? — сабырæй дзуры Хæмыц, зоны йæ, тыхæй
йæ къухы ницы бафтдзæн æмæ хинæй архайын хъæуы. — Цы дын
кодтон, цæуыл мæм æртхъирæн кæныс? Дыууæ стуры мæм зыд-
тай æмæ сæ ацырхтай, мæхицæй дæр ма мын маймули сарæзтай
адæмы раз... Ноджы ма мæм æртхъирæнтæ кæныс? Хуыцау дын
нæй æви?.. — афтæ дзургæ Хæмыц сындæггай бæхы сæр æрба-
зылдта Сырдоны размæ æмæ йæ цирхъ фелвæста. — Гъæтт, хæрæ-
гæй чи райгуырд, кæмæ уæндыс, кæ, фæстæмæ рæйын! — ныззылд-
та цæ цирхъ Хæмыц æмæ йæ æруагъта Сырдоны сæрыл. Сырдон
йæхи иуварс фехста æмæ цирхъ уæлдæфы ныззылд, ницæуыл
фæхæст æмæ йæ кæрон Хæмыцы бæхы зæнг ахауын кодта. Бæх
270
фесхъиудта, йæ мидбынат ныззылд æмæ нозтджын лæг зæххыл
абадти. Сырдон æм бауад, йæ лæдзæджы бырынкъæй йын йæ ра-
хиз цонджы хъул æрцавта æмæ къух барызт йæхимидæг, калмы
къæдзилау, цирхъ æнæбары феуæгъд. Хæмыц ныхъхъæрзыдта:
— Амардтай мæ, хæрæг!..
— Марынæй дын ницы ныфс æвæрын, ме ’фсымæр. Ды саби-
хор дæ, фæлæ æз æфсымæрхор нæ дæн. Дæ тæригъæд дæхи уæд.
Мæлæт агурыс æмæ йæ ссардзынæ, æрмæст мæ къухæй иæ... —
Сырдон синагæй сбаста Хæмыцы къухтæ, — фæлæ дын æз дæр
иучысыл хъуамæ сфыдæбон кæнон, — бабаста йын йæ къæхтæ
дæр, йæ дзыхы та йын къæрмæг нытъыста.
Æрбадт Сырдон, ныр йæ фæндиаг æххæст у, зын дзы æрмæст
Хæмыцы æрцахсын уыди æмæ уый йæ къухы ис. Фæлæ уæддæр
йæ сурхид акалди, ныр æй хъуамæ ныффæлдиса æмæ йæм уый
тынг зын кæсы. Æнцондæр ын уаид йæ амарын, фæлæ уый та йæ
сæрмæ нæ хæссы... Бирæ фæбадт Сырдон сагъæсгæнгæ, фæлæ йæ
фæндыл йæ къух сисын йæ бон нæ баци æмæ йæ æххæст кæнын
райдыдта цыдæр æнæрайæ, цыма йын æй исчи аразын кодта цу-
майы хуызы.
• Æрцахста бæхты. Хæмыцы бæхæн йæ къах бабаста, йæ туг
куыднæ фæцыдаид. Сайнæджы бæхы саргъмæ ныббаста Хæмыцы
дæлгоммæ æмæ араст сæхимæ æнкъардæй. Сæумæцъæхæй схæц-
цæ Æлыгобауы уæлмæрдмæ. Йæ сæфт бинонты уæлмæрд куы
федта, уæд та сног йæ зæрдæйы рис æмæ йæ бирæ нал хъуыд йе
знаджы скъуыхтæ кæнынмæ, фæлæ йæхиуыл ныххæцыд. Баласта
йæ хæстæг ингæны размæ æмæ уынгæг хъæлæсæй загъта:
— Ме ’нахъом сабитæ, бæхыл бадынмæ нæ ахæццæ стут, æмæ
уын цы кæнон... Фæлæ Мæрдтыбæсты бæх куы ’рцагурат, уæд-иу
уæ зæрдыл дарут: уæ фыд уын ныффæлдыста уæ марæджы æмæ
йыл тъымы-тъымамæ фæцæут Мæрдтыбæсты, æртæйæ иумæ фæ-
бадут йе ’ккой! Абонæй фæстæмæ Нарты сылваз Хæмыц фæлдыст
фод Сырдоны сабитæн! Фæлдысты гакк дæр ыл уыдзæни! — Сыр-
дон йæ чысыл кард фелвæста æмæ дзы Хæмыцы хъусæй чъылбыз
слыг кодта.
Ныхъхъæрзыдта Хæмыц, нырдиаг кодта. Рисгæ йын, мыййаг
нæ фæкодта, фæлæ йæ ныр бауырныдта — абонæй фæстæмæ уы-
дзæн фæлдыст лæг, йæ гакк йæ уæлæ! Чысыл лæппутæ дæр æй
зондзысты æмæ йæ мæстæй мардзысты: «Фæлдыст хæрæг! Фæл-
дыст хæрæг!»
Сырдон хъуыды дæр не ’ркодта Хæмыцы æрдиаг. Фæстæмæ
йæ саргъыл сбаста, стæй рараст Уырызмæджы кæртмæ. Уым æй
æриста. Ныууагъта йын йæ цуры йæ бæхы дæр. Æрмæст ын йæ
271
дзыппæй систа Сайнæджы усы æвзист астæубос, стæй схызт лæ-
вар бæхы саргъмæ æмæ уый фæстæмæ бадзырдта Уырызмæгмæ,
фæдисоны хъæлæсæй, фæлæ тынг æрхæндæгæй:
— Нæртон Уырызмæг! Æддæмæ ракæс! — хæдзарæй дзурын
куы райхъуыст, Уырызмæджы хъæлæс куы базыдта, уæд ма йæ
ныхасмæ бафтыдта: — Мыггаджы хистæр дæ, Уырызмæг, æмæ дæ
дзæгъæлдзу æфсымæрæн исты зæгъ, науæд дын йæ сæр искуы
бахæрдзæн!.. Мæнæ дын æй, фаджысы дзæкъулау, æрбахастон,
мидæмæ йæ бакæн æмæ дын йæ хабæрттæ йæхæдæг кæндзæн, —
бæхмæ февзыста Сырдон æмæ уынджы уырдыгмæ Дæллаг хъæуы
’рдæм араст.
Чысыл фæстæдæр бацыд Бурæфæрныджы кæртмæ. Бæх уым
æрбаста, фысыммæ æддæмæ расидт æмæ йын рахабар кодта Сай-
нæджы бæх æмæ йæ усы æвзист астæубосы хъуыддаг.
— Мæнæ йæ бæх, йæ хæзна дæр, фæхæццæ йæм сæ кæн...
Æмæ йын зæгъ: алы дзæгъæлдзуйы йæ хæдзармæ ма уадзæд æмæ
йын ма минас кæнæд. Зæгъ ын ноджыдæр: ус аххосджын нæу
æмæ йæ ма бафхæрæд. Мах куыдзмæ ахæм дæндаг ис, æмæ хуы-
цауы усы дæр фæсайдзæни...
Ууыл фæци йæ ныхас Сырдон æмæ рараст хъæуы кæронмæ.
Ахызт хуымтыл. Уыдта сæ, æфсирхъæлæсæй саудалынг цъæх
адардтой, фæлæ сæ фыццаг хатт нæ барухс йæ зæрдæ. Хур скасти
æмæ дуне барухс и, фæлæ нæ батавта хур дæр Сырдоны зæрдæ.
Уый цыди ’рхæндæг, фæллад æмæ уæнгуагъдæй хъæдмæ, æнусон
тар хъæдмæ, уым кæд батонид йæ уды æвирхъау иунæгдзинад, йæ
хъуыдыйы æрхæндæг, йæ зæрдæйы æрхуым...
Цыппæрæм хабар
турудрæн кт>æв#нтæ
1
Хорз уалдзæг та ныккодта фыдазы фæстæ нæртон бæстыл.
Хъарм, уымæл, райдзаст. Бæстæ сулæфыд æмæ хуым кæнын æн-
цон уыд, зæрдæ ради сыджыты цардмондагæй. Афтæ каст лæг-
мæ, цыма йæм дзывыры базырæй фæлдæхт сыджыт худти йæ сау
былтæй æмæ дзырдта: ды исты баппар мæ хуылфмæ, æндæр дæ
мацы мæт, мацы катай уæд — фæззæджы алы нæмыг дæр йæ фæ-
дыл æркæндзæн сæдæ! Æмæ зæрдиагæй тырныдтой адæм сæ хуы-
,мы гæппæлтæ байтауынмæ, сæ зæрдæйы уыди стыр ныфс: ацы
фæззæг уыдзæн дзаджджын æмæ йæ зымæг сойарм! Уыцы ныф-
сæй рухс кодта зæрдæ æмæ сайдта куыстмæ. Иунæг Сырдон ныу-
уагъта йæ гæппæлтæ æрдæгкондæй æмæ сæ тæфтыл дæр нал ацы-
ди. Кæд искæй хъæуынц, уæд сæ бакæнæд, мæн иу къæбæр хъæуы
æмæ йæ дуры цъуппыл дæр ссардзынæн... Фатакуйæн дæр исты
амал кæндзынæн. Æндæр мын ничиуал ис æмæ ма цы кæнын хо-
рæй дæр, фосæй дæр..
Иунæг мæтаг ма уыд Сырдоны — йæ бинонты уæлмæрд срæ-
сугъд кæнын, æмæ æрвылбон дæр зылди /Елыгобауы цурты, алыр-
дыгæй йæм касти æмæ æрымысыд йæ алыварс бæлæстæ ,нысса-
дзын. Садзгæ та сæ кодта зиллаккæй: æддейæ — уæрæх зиллакк
цъуйтæй, уый мидæгæй — æхсынцъыйы талатæ, стæй — кæрдотæ
æмæ æппæты астæуæй, мусы къæбæлау, обауы сæр æртæ балы.
Диссаг уыдзысты, уалдзæг дидинæг куы ’фтауой, уæд! Уыдта сæ
Сырдон развæлгъау æмæ цин кодта, цыма йæ чысыл сабитæ сæ
удæгасы мондæгтæ исдзысты уыцы дыргъдоны уындæй... Зыдта
йæ Сырдон, уымæй ницыуал фендзысты йæ хъæбултæ, фæлæ
уæддæр æхсызгон уыд йæ зæрдæйæн йæ хъæбултæн исты зæрдæ-
рæвдауæн митæ кæнын æмæ уыцы обауы алыварс талатæ садзы-
нæй ирхæфста йæ уд.
Уый куы фæци арæзт, уалдзæг йæ тæмæны куы бацыд, йæ
18 Смрдоны цæссыгтæ
273
талатæ дæр дидинæг куы рафтыдтой, уæд ма цы кодтаид Сырдон,
уый нал зыдта æмæ сфæнд кодта хохы дарæнмæ Сагсуры цурмæ
фæцæуын. Уыцы уалдзæг фæсхуым Сагсур æрæмбырд кодта Дæл-
лаг Нарты фос — галтæ æмæ хуыскъæгты, лыстæджытæ дæр ма
кæмæдæрты аззад, æмæ сæ йæхи зондæй аскъæрдта хизынмæ хохы
дарæнмæ. Сырдон уый зыдта æмæ йæ бафæндыд йæ мадзура æну-
выд æмгармæ фæцæуыи.
Фæстаг хатт ма бадти Сырдон бонрæфты Кæрдойы æрдузы
бæласы аууон æмæ касти хъæды сæрты Уазайы хохмæ. Хохыл
къæдзæхы фæлтæртæ — синагау тыхт. Цыма гуыбынджын уæйыг
атонынæй тарст æмæ йæ астæуыл дывæлдах тæлытæ бакодта уыдис-
нæй-уыдиснмæ. Айнæг фæлтæрæй иннæйы ’хсæн хъæд сыфтæр
рафтыдта. Зæрдæ дзы рухс кæны, фæлæ Сырдоны хъуыды бамæ-
гуыр: раст мæ лæппуйы къæбæлдзыг сæры хуызæн!.. Æмæ та йæ
зæрдыл æрлæууыд Хурафарн æмæ иннæ бинонты сæфт. «Цæуын
хъæуы ардыгæй, æндæра иуахæмы нал фæлæудзынæн æмæ туг
æруардзæн Нарты зæххыл мæ къухæй... Цæуын хъæуы...» — фи-
дарæй загъта йæхицæн Сырдон æмæ изæрырдæм араст Сагсурмæ
хохмæ Фатакуимæ.
Сагсур тынг фæцин кодта Сырдоныл. Бурæфрныджы чысыл
лæппу уыд йемæ, æндæр ничи æмæ фæлмæцыд иунæгæй. Къуыри
сæм иу хатт цыди Фæрныг дæр, хæринаг-иу сын схаста, еууы
дзултæ æмæ къуымыхцытæ. Æндæр ницы уыд ацы уалдзæг хъæз-
дыг цæрджытæм дæр, фароны æххормаг аз сæ сихсийын кодта.
Ныр иугæр Сырдон йемæ баиу, уæд цуаны цæудзæни Сагсур æмæ
цух ницæмæйуал æййафдзысты, налдæр иунæг уыдзæн Сагсур —
йæ цуры та ис йæ кæнгæ æфсымæр ацы хæццæ æмæ карз дунейы,
Сагсурæн зынæмбарæн æмæ хинтæй хъæбæрнад дунейы.
Сырдон фыццаг бонты иунæгæй тыдта йæ рæстæг, Сагсурæй
дæр хызта йæхи — мæ маст уый удмæ та цы хæссон, мæхæдæг дзы
царæфтыд куы дæн... Фæлæ уый фæхатыд Сагсур æмæ йæ уæд
иунæгæй нал уагъта фосы фæдыл дæр, цуаны дæр. Фæстагмæ та
йыл æрцахуыр Сырдон æмæ дзы уæд йæхи нал хызта, йæ зæр-
дæйы хъыг ын куы дзурид, уый йæхи дæр æрфæндыд. Сагсур
зыдта йæхицæй, куыд зын у иунæгæй баззайын ацы дунейы æмæ
Сырдоны йæхи ныхæстæй басæттыныл ныллæууыд. Кæддæр ын
Сырдон цы зæрдæвæрæнтæ кодта, уыдон ын ныр йæхицæн дзырдта
æмæ Сырдон йæ мид-зæрдæйы худти: хорз лæг дæ, Сагсур, фæлæ
дæ ферох, æвæццæгæн, уыдон мæнæй кæй фехъуыстай...
’Уый йæхицæн афтæ уайдзæф кодта, фæлæ Сагсуры цур та
йæхи раст кодта.
— Хорз дзурыс, ме ’фсымæр, дæуæн дæр зын уыди, чи зоны,
274
мæнæй ноджы зындæр, фæлæ дзы уæддæр иу рахæцæн ис... Мæ-
нæи мæ зæрдæйы ницыуал ис, Сагсур. Иуæй-иухатт мæм афтæ
кæсы, цыма мæ зæрдæйы рæбын нал ис нæдæр уарзондзинад,
нæдæр тæригъæд, æрмæст ма дзы иу æвæстаг фæндиаг баззад —
маст исын, æндæр ницыуал, мæлæты тас дæр цыма фæлыгъди мæ
удæй, афтæ мæм зыны. Æмæ афтæмæй куыд ис цæрæн? Ды уæд
æвзонг уыдтæ, лæппу, æмæ дæм дуне йæхæдæг хорз касти, æууæн-
дыдтæ йыл, мæнмæ та дуне мæнгард æмæ хæрам кæсы, ницæйаг —
адæмæй дæр, Хуыцауæй дæр... Тых æмæ хæрамы дуне... Æмæ
йын æз ницы ирвæзæн хос зонын. Уарзондзннадæй аразынмæ хъа-
выдтæн цард æмæ дзы ницы рауад, цы мын уыд, уый дон йæ
бынмæ фæласта. Мæхæдæг ма, зылын къæцæл донбыл куыд аз-
зайа, уыйау... Цæй, цы ма аразын ам? Æмæ дзы аразгæ дæр цы
скæндзынæн? Ницы, мæстæй мардзынæн мæхи дæр, адæмы дæр.
Мæ маст хъуамæ райсон, уый æнæмæнг у, афтæ куыд ничи æнхъæ-
ла ацы дунейы, зæгьгæ, дæ тыхы фæдыл цу, мар, æргæвд, стигъ —
ничи дын ницыхъом у, цалынмæ дыл стырдæр тых нæ сæмбæла,
уæдмæ. Нæ, афтæ нæ! Хъуамæ иу фыдбылыз дæр ма баззайа æвы-
дæй, тæригъæды чи бацæуа, уый йæ хъуамæ ам бафида, æрмæ-
джы, йæхи сæр æмæ уды хардзæй!..
Сырдон смæсты æмæ, цыма кæимæдæр быцæуыл фæхæст,
афтæ цыд йæ ныхас. Сагсур æм джихæй хъуыста.
— Мæрдты цы уыдзæн, уымæн æз ницы зонын. Фæлæ мæнæй
ам ничи ницы ахæсдзæн. Мæнæй хæс чи дары, уый мын æй хъуа-
мæ ам бафида, мæхи цæсты раз, стæй йæхи тугæй!..
— Ме ’фсымæр, раздæр мын цыма æндæр цыдæртæ амыдтай...
Ныр алчидæр афтæ куы дзура, уæд куыд сраст уыдзысты адæмы
хъуыддæгтæ? Алы маст, алы æвзæр ми дæр исгæйæ æмæ фид-
гæйæ куы фæуа, уæд дуне ног мæстытæ æмæ фыдмитæй байдзаг
уыдзæн, æндæр дзы цыма ницы хæрзиуæг рантысдзæн, афтæ мæм
кæсы... — сагъæс кæны Сагсур æмæ йæм ныр та Сырдон фæджих.
Сырдон рагæй нал ныхас кодта Сагсуримæ, йæ фыццаг саби
куы райгуырд, уæдæй фæстæмæ æмбæлгæ кодтой, фæлæ сæ ны-
хас фылдæр æрвылбоны царды хабæрттыл уыди, афæдзы куыс-
тытыл, фосы тыххæй, хоры тыххæй, бинонты цухты фæдыл. Йæ
уды риссаг, йæ зæрдæйы фæндиаг иу иннæмæн нал дзырдта æмæ
кæрæдзи нал зыдтой, цыма уал азы дæргъы ницы аивта, ахæм
цæстæй касти Сырдон Сагсурмæ, уый та йæм йæ уды хъизæмар
бахæссын нæ уæндыд: хистæр у иу чысыл, стæй æппæт зоны æмæ
æз та, гуымиры, тыхæй дарддæр ницы зонын æмæ йын цы дзурон,
чи зоны мыл фæхуда, æндæр цы рауайдзæн нæ ныхасæй?.. Фæлæ
ныхас йæхæдæг йæхи расайдта, æмæ Сагсур йæхимидæг нымайы
275
йæ уды фæндиæгтæ, Сырдоны зæрдæмæ фæцæудзысты, æви нæ,
уый йæ хъуыдыйы дæр нæй. Сырдон бамбæрста, уый Сагсур йæхи
ныхæстæ кæны, уымæй цы фехъуыста, уыдон нал сты, æмæ зæр-
диагæй хъусы, йæхиуыл худы: лæг мæ цуры рахъомыл, йæ саби
зондæй раджы рахицæн, ас лæджы катайæ байдзаг йæ зæрдæ,
æмæ ма йæм æз та кæддæры цæстæй кæсын.
— Адæм кæрæдзийæн куы ницы хатыр кæной, цæфыл йæ уæл-
вæд хафт куы бафта, уæд куыд сраст уыдзæн дуне? Нæ зонын,
мæнмæ афтæ кæсы, æмæ алы маст исыны аккаг дæр нæу, стæй йæ
мастæй исын дæр нæ хъæуы цыма...
— Цы дын зæгъон, нæ зонын... Чи зоны, раст амоныс хъуыд-
даг, фæлæ мæм нæма хъары дæ рæстдзинад. Чи зоны, фæстæдæр,
мæ маст куы ссæуа, уæд сразы уон дæ хъуыдыйыл, фæлæ нырма
мæ маст хъуамæ райсон. Алцыдæр ныххатыр кæнин, фæлæ саби-
ты сæфт? Нæ, ме ’фсымæр, уый баринаг нæу. Мæ мадызæнæг
куынæ уаид, уæд æй афонмæ сфизонæг кодтаин, фæлæ куыд сту-
лои мæ къухтæ йæ туджы — иу мад нæ ныййардта, иу дзидзийæ
хъомыл стæм!..
— Æз ма ууыл дæр хъуыды кæиын: хорз, сфизонæг кæн де
знаджы. Разы дæн, раст дæ, ахæм фыдми баринаг нæу. Фæлæ ды
кæй сфизонæг кæнай, уымæн дæр уыдзæн исчи — фыд, æфсы-
мæр, лæппу... Уыдон та цы кæной? Ды йæ фыды кæмæн сфизо-
нæг кæнай, уымæн йæ цæстæй туг нæ миздзæн æмæ дæ мæла^ты
бонмæ карды фындзæй нæ агурдзæн? Æмæ уæд куыд сраст уы-
дзæн афтæмæй дуне?.. — сагъæс кæны Сагсур æмæ Сырдон хаты,
уый ныхæсты дæр ис цыдæр ахæм рæстдзинад, иу цъыккæй акъуы-
рæн кæнæ фæсдуар амбæхсæн кæмæн нæй.
— Дуне, ме ’фсымæр, иу æмæ дыууæ лæджы зондæй не сраст
уыдзæн, — хуыздæр ницы æрæмысыд Сырдон, æниу æй зыдта,
уый рæстмæ дзуапп нæу, фæлæ йæ Сагсур дæр базондзæн, уый
йæ æххæст нæ уырныдта.
— Цæмæн зæгъыс, ме ’фсымæр, зонд, кæд рæстмæ зЬид уа,
уæд иу лæджы дæр нæу æмæ дыууæ лæджы дæр, æппæт дзыл-
лæйæн иумæйаг у, — бараст кодта Сагсур Сырдоны хъуыды æмæ
Сырдон бахудт йæхимидæг: фæтых мыл, амбылдта мæ! Раст зæгъы.
— Раст у, Сагсур, фæлæ сын æвзæр зонд дæр афтæ иумæйаг
кæй у, хъуыддæгтæ, æвæццæгæн, уымæн афтæ зынæй растгæнæн
сты, — загъта Сырдон æмæ йæ зæрдæйы мидæг бакатай кодта: чи
зоны, æцæг афтæ у, æмæ йыл æз хъуыды дæр никуы акодтон?..
— Кæд, мыййаг, нæу, ме ’фсымæр? Афтæ куы уаид, уæд адæм
хорз æмæ æвзæр нæ зониккой.
— Зонгæ кæнынц, фæлæ дзыхæй кæй дзурынц, уый армæй нæ
276
аразынц, ме ’фсымæр, адæм хин сты. Æниу, чи зоны, — ныр Сыр-
дон йæхæдæг райдыдта æвзарын йæ ныхæсты рæстдзинад, — афтæ
дæр у, æмæ хорз зын аразæн у, æвзæр — æнцон, æмæ йæм уымæн
æмхицдæр сты. Хорз — уый хохау бæрзонд у æмæ зынæсхизæн,
æвзæр та — цъыфы цадау, дæ къæхты бын, йæ сæрты ахизын дæ
бон куы бауа, уæддæр дæ счъизи кæндзæн...
— Дæуæн уый загъдæуа, уæдæ ма цы домыс алы мæгуыр лæ-
гæй дæр, хорзыл æрмæст цæмæй уа? Нæ йæ фæнды, æви йæ къухты
не ’фты?
— Домгæ ницы, æрмæст лæг хъуамæ лæг уа æмæ цы зона, раст
æм цы кæса, ууыд хæцынхъом уа. Уый куы нæ уа, ме ’фсымæр,
уæд алцыдæр растыл нымайæн ис. Лæг дæ исты бахъыгдардта,
уæд ын йæ сабийы аргæвд æмæ зæгъ: мæ маст дзы райстон, бахъыг-
дардта æмæ йæ бахъыгдардтон!.. Науæд иу исчи хин лæг зæгъд-
зæн, йæ тæппуд æмбæхсæны охыл: ме знаг мын стыр фыдбылыз
сарæзта, фæлæ йын æз барын, цæмæй ног фыдбылыз мауал раса-
йон!.. Нæ, ме ’фсымæр, хъуыддæгтæ кæрæдзийыл къуыбылойау
тыхт сты. Раст у дæ хъуыды — алы чысыл æфхæрдмæ дæр къæп-
пæввонгæй лæуу, уый ницы зонды ми уаид, фæлæ тыхгæнæгæн
æп’пæт бар, уæд ноджы сæрмæ хизы. Чысыл зонды басæтдзынæ
стыр зондæй, чи зоны, хæрам лæджы дæр басæттай дæ зæрдæйы
стыр хæларæй, фæлæ тыхгæнæджы баронæй нæ басæтдзынæ. Уый
лæджы барон тæппудмæ исы æмæ ноджы налатдæр кæны. Уый
цæвын хъæуы — тыхæй уа, зондæй, хинæй, ауæрдын ыл нæ хъæуы.
Цæв æй, цалынмæ йæ тых нæ асæтта, æмæ йæ бон нæ базона!..
Хуыздæр гæнæн дзы ницы ис, ме ’фсымæр, æндæра мæм лæгмæ
тых хæссынæй æвзæрдæр ницы кæсы. Тыхгæнджыты мыггаг цас
тагъддæр сыскъуыйа, уыйас хуыздæр уыдзæн адæмæн, ме ’фсы-
мæр, — цыдæр æнахуыр æнкъард сси Сырдон, — фæлæ дзы кæ-
уыл аххæсдзæн лæг?.. Нæртон зæххыл тынг бирæ не сты, уыдон
иугай бадомид лæг. Фæлæ уымæй фылдæр та нæ алыварс ис тых-
гæнджытæ. Алчи йæ карды фистоныл хæцы æмæ фæйнæрдæм
æвзиды, чи дæм кæд фæцарæхсдзæн, бæрæг нæй. Цæй, кæм агу-
рыс рæстдзинад?.. Зæххыл нæй, уæлæрвты нæй... Зæдтæ-дау-
джытæ иууылдæр тыхыл лæуд сты, дæ сæрæй йын нæ кувыс, бур
физонæгыл æй нæ дарыс, уæд дын исты фыдбылыз скæндзæн æмæ
йæ зонгæ дæр нæ бакæндзынæ — чи дæ бафхæрдта, цæй тыххæй!..
Уый дын сæ рæстдзинад!.. Цу æмæ ды ссар а дунейыл рæстдзи-
над. Ис дзы? Кæд ис, уæддæр зын ссарæн у.. Иу лæджы фаг
рæстдзинад диссаг нæу, мæн ахæм хъæугæ дæр нæ кæны. Фæлæ
адæмæн се ’ппæтæн иумæйаг, се ’ппæтæн фаг чи уаид, ахæм рæст-
дзинад кæцæй æрхастæуа? Уый нæй, уæд та сырды цард кæнæм
277
æмæ кæдмæ? Науæд цы у, цас бæллиццаг у ахæм уагæй цæрын?..
Бирæ фæсагъæс кодта Сырдоны дардыл ныхæсты тыххæй Саг-
сур. Бары йæ йæхи царды хабæрттыл дæр, фæлæ дзы рæстдзина-
дæй дарддæр ницы уыны. Уæддæр æм йæ зæрдæ дзырдта — уый
æххæст рæстдзинад нæу, ис царды ноджы бæрзонддæр рæстдзи-
над æмæ уый агургæ у. Æрмæст æй куыд зæгъа, куыд æй бауыр-
нын кæна Сырдонæн, стæй цы у номæй уыцы рæстдзинад? Нæ
зыдта уый Сагсур æмæ агуырдта, хъизæмар кодта йæ хъуыды,
фæлæ йын нæма ардта ном æмæ æгомыгæй хъуырдухæны аны-
гъуылд. Ницы дзырдта Сырдон дæр. Бадти цъæх нæууыл, йæ иу
къах йæ быны къæдзæй, иннæйы уæрагыл та йæ сæр æрæвæрдта,
афтæмæй.
Сихорафонмæ аввахс, фос ададжы дон нуазынмæ бацыдысты
æмæ Фæрныджы чысыл лæппу дæр сæ уæле бадти, цыдæр кæр-
дæджы цъупп æхсыдта. Сагсур хуыссыд йæ чъылдымыл, йæ ар-
мытъæпæнтæй йæ къæбутæн æнцойгæнæн сарæзта æмæ фæлгæ-
сыд сæрвæтыл, нæртон адæмы фосы муртæм. Хизы сæ иунæгæй,
исты йын ратдзысты сæ хицæуттæ, уый йæ хъуыдыйы дæр нæй.
Уый уарзы фос, уарзы фосы рæвдауын, æмæ йæ кæны. Ныр кæд
исчи та æндæр хъуыддагмæ дæсны у, уæд æй кæнæд æмæ алкæ-
мæн дæр хорз нæ уыдзæн?.. Цæмæн дзы хъæуы тыхми, марын,
исын, кæрæдзи ратон-батон кæнын? Уадз æмæ рæзой сывæллæт-
тæ æмæ сæм макуы æрцæуа кæрæдзимæ бырсыны зонд. Æмæ сæм
махæй, хистæртæй не ’рцæуы уыцы зонд, уыдон аххос цы у?
Æмæ афтæ куы уа, фыдæй-фыртмæ куы цæуа уыцы зонд, уæд ын
кæд уыдзæн кæрон? Кæд сафтид уыдзысты тыхгæнджыты фат-
донтæ, науæд кæд баихсидзæн сæ карды ком?.. Никуы!.. — ныхъ-
хъæрзыдта Сагсуры зонд, нæма уыд йæ бон уыцы фыдбылызы
рæхыс искуы иу цæгыл аскъуынын. Сырдон дæр раст ууыл хъуы-
ды кодта, фæлæ уымæ зындæр каст æндæр хъуыддаг: мыййаг,
искуы, ныртæккæ йæ зонд раст кæмæ кæсы, уыдон дæр та тыхы
сæрыл куы ныллæууой?.. Цæнгдых диссаг нæу, фæлæ уый бынат
зæххы тых куы æрæвæрдæуа; науæд фосы тых — мæнмæ бирæ ис,
дæумæ цъус æмæ æз тыхджындæр дæн, дæ хурхыл дын хъуамæ
ныххæцон!.. Чи сæ баиргъæвдзæн уæд? Науæд зондæй тыхджын-
дæр чи уа, уый та йæ зонды тых куы ’взара иннæтыл, уæд уый
цæмæй хуыздæр у? Зонды тыхæй лæг ноджы стырдæр фыдбылызтæ
сараздзæн, фыдвæндыл куы ныллæууа, уæд æмæ йын æй чи бадар-
дзæн йæ цæстмæ, чи йæ басæтдзæн æмæ цæмæй?.. Кæм ис уыцы
суйтæ къуыбылойы райхæлæн?.. Нæ зоны уый Сырдоны хъуыды
æмæ тыхсы йæхимидæг, хъуырдухæн кæны, фæлæ йæ æддæмæ не
’вдисы, нæ йæ фæнды Сагсуры раз йе ’нæбон равдисын.
278
Чи зоны, цас фæбадтаиккой афтæ тыхстæй æмæ æгомыгæй,
фæлæ уæдмæ фос донадæгтæй рындзмæ ривæд кæнынмæ æм-
бырд райдыдтой, стæй йæ уæлвæд та дæлейæ, сæ æхсæвы халагъ-
уды цурæй сыхъуыст Фæрныджы хъæр:
— Гъе-е-й, цы фестут?!
— Мæнæ стæм, мæнæ! Ардæм рацу! — фестад æмæ йæм ахъæр
кодта Сагсур.
2
Бурæфæрныг, йæ усæй куы ницыуал бæрæг базыдта чынты
ныббырсты фæстæ, — йæ фыдбылыз уый чынтæй æнхъæл уыд,
Сырдоны зæрдæ та Сосланмæ æхсайдта, фæлæ йын æй хъæр нæ
кодта — уадз æмæ йæ фыдæх æддæмæ здæхт уа!.. — уæдæй ныр-
мæ фылдæр сæргуыбыр æмæ æрхæндæгæй цыд. Фарон фæззæ-
джы балцы дæр йæ цыды сæр уый уыди: кæд искуы фæхæст уаид
йе ’фсины тыххæй исты бæрæг дзырдыл кæнæ кæд искуы ссарид
йæ мæлæт хæсты быдыры, цæмæй тыхджын лæджы ном ныууадза
йæ бындартæн. Фæлæ Фæрныг йæ гуырцæй бæлццон лæг нæ фæци,
фосыл зилын, уыдонмæ кæсын æм бирæ æхцондæр æмæ зæрдæ-
райы хъуыддаг каст. Сырдон æнхъæл уыди, зæгъгæ, та ацы хатт
дæр æрхуым æмæ уонгуагъд уыдзæн Бурæфæрныг, фæлæ уый
цæуылдæр йæхимидæг цины малы хъазыд, сойау дзы æвдылд æмæ
йæ Сырдон уайтагъд фæхатыд. Фæрсын йæ цæсгом нæ хъæцыд,
фæлæ йæм йæ цæст дардта æмæ æнхъæлмæ касти, кæд сæппар-
дзæн йæ цины сæр йæхæдæг.
Бирæ фæбыхсын йæ бон нæ баци Фæрныгæн. Сагсур æй ног
хабæрттæй фæрсыныл куы схæцыд, уæд ын фыццаг йæ сабиты кой
ракодта, æнæниз, сæрæгас сты, зæгъгæ, стæй Сырдонмæ баздæхти:
— Хæдæгай, дæ хæрзæггурæггаг мæн, Сырдон, — фырцинæй
йæ былтæ фæйнæрдæм алыгъдысты æмæ йæ дæндаджджын дзых
байгом Фæрныгæн, фæлæ дарддæр ницыуал загъта æмæ Сырдон
бамбæрста, уый фæнды йæ цины уавæр фылдæр цæмæй ахæсса,
стæй йæ Сырдон цæмæй йæхæдæг бафæрса, цыма уымæн йæхи
нæ фæнды уыцы цины хабар афтæ асламæй радзурын... Нæ фæ-
цыд Сырдоны зæрдæмæ Фæрныджы хин ми, фæлæ йæ уæддæр
бафарста:
— Цы мын зæгъдзынæ уагæры, фæрныг лæг, цæй номыл мæм
æрбадзырдтай ахæм стыр ныхас, мæнæн ахæмæй куы ницыуал ис
а дунейыл, мæ зæрдæ цæмæй барухс уа?..
— Уый та цæмæн зæгъыс?.. Де стыр фыдгул нал ис, уый дын
мæ цины уац!
279
— Уый кæмæй зæгъыс, æви Хæмыцыл исты æрцыд? — фергом
Сырдон.
— Тæккæдæр Хæмыцыл! Фысау æй сæргæвста Сайнæг-бæгъа-
тыр! — ныр хæрз æргом равдыста Фæрныг, Хæмыцы мардыл кæй
фæради, уый æмæ йыл Сырдоны зæрдæ фæхудт.
— Куыд уыди хабар, бæлвырддæр ма йæ радзур? — тызмæгæй
йæм фæзылд Сырдон. Фæрныг фæхатыд, Сырдонæн æхсызгон
нæ уыд Хæмыцы сæфт, фæлæ нал басаста йæхи.
— Бæлвырд у æппæт дæр... Хæмыц, æвæццæгæн, нæ зыдта,
Сайнæг æм мæсты кæй у йæ усы сайды тыххæй, æмæ та сæм ацыд
йæхи ирхæфсынмæ. Сайнæг æм рацыд галуанæй, мидæмæ йæ нал
бауагъта, фæлæ йæ ракодта иуцасдæр йæ галуанæй дæрддзæф,
стæй йын афтæ зæгъы: «Мæ цæхх, мæ кæрдзын мын фæхордтай
æмæ мæ афтæмæй ноджы фæхудинаг кодтай æмæ дæхи хъахъ-
хъæн, куыдзы фырт!» Ралæууыд ыл кардæй æмæ йын йæ сæр
ахауын кодта. Сæры кæхц дыууæ дихы фæци æмæ ма Сайнæгæн
йæ карды ком дæр фесгард — архъызы дæндагыл сæмбæлд æмæ
дзы иу къæртт фæхаудта суанг арвмæ!..
— Афтæ æхсызгонæй сæ дзурыс, цыма уыцы лæджы дæхæдæг
амардтай кæнæ йæ Сайнæг куы мардта, уæд ды дæр уым уыдтæ... —
йæ цæсгом сау афæлдæхт, афтæмæй йæм бадзырдта Сырдон æмæ
Фæрныг нал зыдта, йæхи ма куыд дара: цин кæна æмæ Сырдонæн
хъыг куы уа, йæхи мæтгæнæг скæна, æмæ йæ зæрдæ райгонд у,
Сырдоны нæ бауырндзæн йæ цæстмæ ми æмæ йæм ноджы фæхæ-
рам уыдзæни. Æниу æй цы нæ уадзы, йæ бинонты йын куы ныц-
цагъта, уæд ма йыл йæхи цы смæтгæнæг кодта?!
— Мæхæдæг уым куы фæуыдаин, уæд ыл æз дæр нæ бацауæрс-
таин. Цæмæн, уый дæр зоныс, фæлæ дзы нæ уыдтæн, æрмæст,
мын хабар бæстон радзырдта Сайнæг-бæгъатыр, æз та сæ дæуæн
дзурын. Хъыг дæм цæмæн кæсы, нæ зонын, — йæхи тæргайы хуы-
зы равдыста Фæрныг.
— Кæд æй æвæрынц? — бафарста Сырдон, хъуыды дæр не
’ркодта Фæрныджы тæргай. Уый цыма æндæр цæуылдæр тыхсти,
афтæ зынд йæ цæсгомыл.
— Нырма бæрæг нæу, æнхъæлмæ, дам, кæсынц йæ лæппумæ —
Батрадзмæ...
— Уæдæ уæ раны стут, — тынг тыхстæй бакодта Сырдон.
— Нæ раны стæм та цæмæн зæгъыс, мах цы давæм уыцы ран? —
цыдæр тарст æмæ быцæуы хъæлæсæй загъта Бурæфæрныг. Уый
хорз зыдта, цæмæн афтæ дзуры Сырдон, фæлæ йæ нæ фæндыд
басæттын искæй раз, уый дæр азымджын кæй уыд Хæмыцы мæ-
лæты, уымæ дæр туджджыны цæстæй кæй ракæсдзысты Хæмыцы
280
хицæуттæ. Сырдон смæсты канд Фæрныджы хин митыл нæ, фæлæ
уый ныр дæр кæй не ’мбары, Нарты уæзæгмæ цы стыр фыдбылыз
æрхаста, цы туджы мигъ сыстад нæртон зæххы сæрмæ, уый. Нæ
фæнд кодта æргом дзурын уыцы тасы уавæрыл, тæппудмæ йын
æй куы айса Фæрныг, фæлæ йæхи нал баурæдта:
— Дæумæ цинау кæсы ме ’рвад Хæмыцы мард, ферох дæ, уый
ме ’фсымæр кæй у, мæ мадызæнæг, стæй уый фæстæ та мæ тудж-
джын. Æмæ уый цыфæнды фод, фæлæ ды дæр æмæ Сайнæг дæр
æгæр рагацау цыма цин кæнут...
— Дæумæ гæсгæ йыл хъуамæ хъарджытæ кæниккам? — бафарста
Бурæфæрныг.
— Бирæ зондджындæр ми бакодтаиккат, Хæмыцы чи амардта,
уый куы басусæг кодтаиккат, уæд. Нырма уæм цинау кæсы, фæлæ
кæуынмæ куы расайа хъуыддаг, уымæй тæрсын... Цы йæ ныццитт-
цитт кодтат? Сайнæг йæ тыхæй раппæлынмæ хъавы? Æмæ йæ хорз
куы зонын, тыхæй, стæй арæхстæй дæр уый Хæмыцæй лæгдæр
кæй нæу, уæд йæ дзыхыл цæуылнæ хæцы? Æви афтæ æнхъæлы
æмæ йын Æхсæртæггатæ бузныг зæгъдзысты? Хорз, æз æм ницы
сдзурдзынæн, мæнæн мæ туджджын знаг уыди, фæлæ Уырызмæг
æмæ Сослан удæгас кæй сты, уый йæ ферох? Науæд Хæмыцæн
цы тугисæг ис, уый йæ зæрдыл куыд не ’рлæууыди?.. Батрадз æй
йæ дæндаджы схъисæн кæй акæндзæн, уый нæ зоны æви йæ йæ
диссаджы кардæй ныфс ис?.. Ницы йын баххуыс уыдзæн... Уый
ныр сæфт у йæхæдæг дæр, йæ бинонтæ дæр, йæ мыггаг дæр —
рухсаг уæнт!.. Фæлæ дзы ды æвыдæй баззайдзынæ, ме ’рвад, уый
цæмæй зоныс?.. Мæсты йæм кæй уыдтæ, уый нæртон зæххыл ал-
чидæр зоны... Балцы рæстæджы кæрæдзи кæй тыдтат, уый ма
уæддæр зонынц Æхсæртæггатæ... Сайнæг дын хæрæфырт кæй
баххæссы, уый дæр хорз зонынц, ме ’рвад... Æмæ уæдæ Сайнæ-
гæн Хæмыцы цæуæнтæ чи бацамыдтаид, дæумæ гæсгæ, чи зылд
йæ фæдыл нæртон уæзæгыл?.. Æз?.. О, æз зылдтæн йæ фæдыл
æмæ йæ æз ныффæлдыстон мæ мæрдтæн!.. — Сырдон фæбогъ кодта
æвиппайды, стæй фæсабыр, худинаг æм æркаст, йæхи кæй нал
баурæдта, уый. — Æз æй куы мардтаин, ме ’рвад, уæд мæ къухы
уыди æмæ йæ уæлмæрды аргæвстаин... Фæлæ æз мæ мадызæнæ-
джы мæхи армæй нæ марын, гукк!..
— О, æмæ æз цы гæнæг дæн, дæ фыдыстæн?.. — бамбæрста
Фæрныг, кæй нæ басусæг уыдзæн йæ хабар, уый, æмæ лæгъстиаг
хъæлæсæй фæрсынмæ фæци.
— Фыццаг уый гæнæг дæ æмæ дæ дзыхыл хæцын нæ зоныс,
дæ сусæг зарæг хъæрæй кæныс!.. Дыккаг æдылы та дæ хæрфырт
у. Уый ныр йæхи хъал кæны — Хæмыцы раргæвстон!.. Гуыбын-
281
джын хæрæг уый нæ зоны æмæ йын ныр канд йæхи нæ, фæлæ йæ
бинонты дæр кæй сфизонæг кæндзысты, æмæ ма дзы иннæ адæм-
мæ дæр кæй æрхаудзæн йæ фыдбылызæй!..
— Цы кодтой иннæ адæм, цы сæм дзы хъуамæ æрхауа, дæ
хорзæхæй, — дзургæ бустæйы хуызы кæны, фæлæ йæ æцæг фæн-
ды базонын Фæрныджы йæ хъысмæт.
— Уымæй ныр Сатанайы фæрсын хъæуы, ме ’рвад, æз ын цы
зонын, — дзуапп радта Сырдон æмæ фæхъуыдыйыл.
— Сатана та цы давы ам? — ныр æцæг фæтыхст Фæрныджы
цыбыр хъуыды.
— Цы давы, цы, ме ’рвад, Батрадз арвæй куы ’рцæуа, уæд
Сатанамæ бацæудзæн, йе схæссæг мадау ын у, æмæ уый фæрс-
дзæн: чи йын амардта йæ фыды, кæмæй’агура йæ туг? Куыд æн-
хъæлыс, дæ кой йын не скæндзæн? Кæд дæ уый ныфс ис, уæд
мацæуыл тыхс... Фæлæ дзы кæд дæ ном’нæ ферох уыдзæн, уæд
ахъуыды кæн, цы хуызы дæ бавдисдзæн Хæмыцы тугисæгмæ?
Бурæфæрныг нынкъард, йæ цины равгæй мур дæр нал аззад
æмæ хъуыдытыл фæци. Ныр æй бауырныдта, стыр фыдбылыз æм
кæй кæсы ацы хъуыддагæй, фæлæ ма цы кодтаид, уый нал ахста
йæ зонд æмæ Сырдоны бафæрсын дæр йæ цæсгом нал хъæцыд:
бамбæрста, Сырдонмæ хæрзæггурæггаг кæй фæци, уый дæр æды-
лы æмæ æнæгъдау ми кæй уыд.
Сырдонæй цыма Фæрныджы хабар рох дæр фæци, уыйау баз-
дæхт Сагсурмæ:
— Уæйыг лæг, ды уый æмбарыс æмæ стыр фыдæвзарæны кæй
бахаудтой нæртон адæм?.. Батрадз Сатанайы ардауæн ныхæстæм
куы байхъуса, уæд нæртон адæмы сæ хурхæй æрцауындздзæн...
Иæ тыхæн кæрои нæй, фæлæ æдылы тых у нырма, Сатанайы хин
зонд æй кæдæм фæцараза, уым туг зæгъау уардзæн... Уый та фæн-
ды, цæмæй нæртон бæстыл уа Æхсæртæггаты ном æмæ кад... Сæ
тыхæй адæм æмризæджы ризой æмæ сын табу кæной!.. Уымæй
дæр фыццаг сæ разагъды фыд Уырызмæгæн, се ’ппæтæй зонд-
джындæр, дзуапджындæр æмæ бæгъатырдæр!.. Дыккаг — сæ дис-
саджы мад, се схæссæг мад Сатанайæн, йæ зонд æмæ йæ хин æви-
дигæ кæмæн сты, йæ къæбицы бæркад æмæ йæ буары рæсугъдау!..
Ныр мын ды зæгъ, ахæм зондыл цы хивæнд ус фæхæст уа,
уый дын исты ныббардзæн, уый дын Батрадзы хуызæн сонты сар-
дауыныл фæфæстæ уыдзæни?.. Ницы хуызы! Цы уыд, цы нæ уыд,
уыдон дæр ын фæдзурдзæн, цæмæй сæ хъуырмæ суой адæм æмæ
бар-æнæбары бакувой Сатана æмæ Уырызмæгæн!..
Стыр фыдбылызы дуг ныккодта Нарты уæзæгыл, стыр фы-
дæвзарæн, фæлæ йын цæ кæнон, цы йын мæ бон у?.. Уый ныр
282
ардыд уыдзæн... Ардыд уыдзæн канд сымахыл нæ, ме ’рвад, сы-
мах кæй сфизонæг кæндзæн, уый бæлвырд у, фæлæ иннæ нартыл
дæр, фыццаджы-фыццаг та мæныл... Уый нæй, уæд æм æз бацæуин
æмæ йын радзурин рæстдзинад... Нæй, ныртæккæ мæ дзырдæй
ницы рауайдзæн... Цалынмæ йæ маст ссæуа, уæдмæ рæстаг зонд-
мæ хъусын нæ базондзæн æмæ йæ ноджы мæхиуыл цы сардауон,
æндæр дзы ницы рауайдзæн... Æмæ ма уæдæ цы кæнæм, æфсы-
мæр, ды мын уæддæр исты бацамон? — Сырдон ныр зæрдиагæй
дзырдта Сагсурмæ, абоны ныхасы фæстæ йæ бауырныдта, уый
зондджын лæг кæй рацыд. Фæлæ йын цы загътаид Сагсур?.. Адæ-
мы хъуыддæгтæм Сырдонæй дæсныдæр чи уыд, æмæ Сагсурмæ
худæг фæкаст йæ фарст, ома мæ цы къахыс, дæхæдæг цы зæгъай,
уымæй дарддæр цы мæ бон у бацамонын?..
Бурæфæрныг бынтон ныууонгуагъд, тас ын хордта йæ уд æмæ
ма цы фæндыл ныллæууыдаид, уый нал æвзæрста йæ зонд. Джи-
хæй бадт Сырдониты фарсмæ, йæ къухты хилтæ кæрæдзи мидæг
ауагъта æмæ къæпбылæй каст йæ размæ, фæлæ уынгæ ницы код-
та, туджы мигъвæлм бадт йæ цæстытыл. Сырдон æм иудзæвгар
æдзынæг фæкаст, фæлæ йæ Фæрныг нæ фæхатыд, тасы йæ хъуыр-
мæ сагъд уыд æмæ йæ искæй æнгас нал æндæвта. Сырдон ын
фæтæригъæд кодта æмæ йæм бадзырдта:
— Ме ’рвад, æнхъæл дæн, тынг старстæ... Тас мæлæтæн хос
нæу, фæлæ хъуыды хъæуы, фыдæвзарæн æрцыд, уæд æй исты
хуызы батонын хъæуы...
— Æз дæр хъуыды кæнын, уæдæ цы кæнон?.. — æнæбары сфæ-
рæзта Фæрныг.
— Цом, фæцæуæм нæ уæзæгмæ, ме ’рвад, уым хъуыддæгтæ
бæлвырддæр зондзыстæм æмæ нын хъуыды кæнын дæр æнцон-
дæруыдзæни... Ам хохы цъуппыл ницы базондзынæ быдыры хъуыд-
дæгты рæстдзинадæн, — йæхимидæг дзурæгау кæны Сырдон æмæ
йæ фадбарцмæ кæсыныл фæци. Уымæй Фæрныг базыдта, æцæг
дзуры æмæ цæуын бахъæудзæн хъæумæ, ныр Батрадз тыфылтæ
кæм калдзæн, уырдæм... Тæссаг у ныр уырдæм цæуын, фæлæ ам
лæуу, уæд та дæ афтæ банымайдзæн — йæ азым зоны, сæтты йыл
æмæ бамбæхст!.. Нæ, ам лæууæн нæй, æз нæ уыдтæн йæ фыды
марджытæй, цæмæн хъуамæ æмбæхсон?.. Раст у, æхсызгон мын
уыди æмæ цы?.. Искæй ма, мæнау, бафхæрдтаид, кæддæра но-
джы тынгдæр нæ цин кæнид!..
Йæхи рæстытæ кæны Бурæфæрныг, кæд æй азымы ничи дары,
уæддæр æмæ сындæггай йæ тасы уавæр цыма фæнымæгдæр, афтæ
йæм кæсы, хъæумæ цæуын дæр ын фенцондæр. Æцæгæй та йæ
ныфс уыди Сырдон — уый исты æрымысдзæн æмæ та Нарт батон-
283
дзысты сæ фыдæвзарæн!.. Фæрныгмæ ацы ныфс рагæй сæвзæрд,
чынты бабырсты куы фæуæлахиз сты, уæдæй фæстæмæ, Сырдон
æппæтхъом кæй у, ууыл дызæрдыг нал кодта. Æрмæст æй бафæн-
дæд исты хæрзиуæг бакæнын, æндæр æй сараздзæн.
— Фæцæуæм, ме ’фсымæр, — ацы хатт æй афтæ рахуыдта,
лæгъстиаг ын кæй уыди, уый охыл, — кæд та ды исты саразай,
æндæр нæ хъуырмæ ныссагъдыстæм фыдбылызы æмæ ма цы кæ-
нон, ницы йын зонын... — æрæджиау сразы Бурæфæрныг æмæ йæ
дзабыртæ рæстытæ кæнын райдыдта, Сырдоны фæзмгæйæ.
— Фæцæуæм, ме ’рвад, мæ бон та дзы цы у, фæлæ уæддæр цы
ми кæнынц, уый зонын хъæуы, науæд дзы саразæн дæр ницы
уыдзæн... —Сырдон йæ рон æрбалвæста, йæ уæлæфтау бадзæбæх-
тæ кодта æмæ стæй бадзырдта Сагсурмæ:
— Æфсымæр, ды мæт мацæуыл кæн. Хъуыддæгтæ сæхæдæг
сæхи амондзысты, æрхъуыдыйы тыххæй дзы æнæсаразгæ ницы
фæуыдзыстæм. Чысыл куы фæсабыр уа хъуыддагæн йæ азар, уæд
дæм æз дæр цæудзынæн... Дæ абоны зондæй та бузныг, ме ’фсы-
мæр! Дæ ныхæсты бирæ рæстдзинад уыд æмæ сыл æз ноджыдæр
ахъуыды кæндзынæн, дæ зонды фæдыл цæуын ахуыр кæндзынæн
мæхи, кæд мын бантыса, уæд.
Бурæфæрныг сын ницы бамбæрста сæ ныхæстæн, фæлæ сыс-
тад æмæ, Сырдонау, йæ рон балвæста, стæй йæ фæдыл араст, йæ
лæппуйы барæвдауын дæр æй ферох, уым йæ хæдфæстæ кæд бад-
ти, уæддæр. Сырдон фæтæригъæд кодта сабийæн æмæ йæ цæсты-
тæ бауымæл сты, йæхи лæппуты æрбаймысыд, — уый сæ æнæрæв-
дыдæй никуы ныууагъта!.. Фæзылд фæстæмæ æмæ фæдзырдта
лæппумæ йæ номæй, ардæм ма æруай, зæгъгæ. Цалынмæ лæппу
цыд, уæдмæ фæдзырдта Фатакуймæ дæр æмæ йын афтæ зæгъы:
— Урсдзых, — рагæй йæ нал схуыдта ацы номæй Сырдон æмæ
Фатакуй бамбæрста, цыдæр хорз æрцыд йæ хицауыл, йæ зæрдæ
фæфæлмæндæр, йæ масты их тайын райдыдта. Йæ дымæг батылд-
та, цы чысыл лыггаг ма йын дзы аззад, уый арадав-бадав кодта,
амонæн æнгуылдзау, рахизæй галиумæ. — Ме ’рцыдмæ ацы лæп-
пуйы коммæ кæс æмæ йæм хъус, уый та дæм зилгæ кæндзæн,
æццæй, хорз лæг? — Сырдон йæ арм æруагъта фыййау лæппуйы
къæбутыл æмæ йæ дзыппæй систа, знон хæрисæй цы ’хситгæнæн
сарæзта, уый. — А, мæнæ дын уый та æхситгæнæн, фыстыл-иу
дзы ныхситтытæ кæн. Куы ’рбаздæхон, уæд та дын уадындз са-
раздзынæн æмæ дæ цæгъдын дæр сахуыр кæндзынæн, æрмæст
Урсдзыхимæ уæ хъус фæдарут фосмæ.
— Уый дын мæ быгъдуан, — бакодта лæппу æмæ йæм йæ худы
бынæй скастысты дыууæ æрвгъуыз цæсты, суадоны къусау рæсуг
284
æмæ уарзоидзинадæй та сæ былтæм йедзаг. Сырдоны зæрдæ суын-
гæг æмæ цæхгæр фæзылд йæ фæндагыл, — нæ йæ фæндыд, йæ
цæссыгтæ йын саби федтаид, уый.
3
Бадынц Уырызмæг, Батрадз æмæ Сослан æртыкъахыг фын-
джы уæлхъус. Чысыл фалдæр сæ фарсмæ иунæгæй бады æмæ йæ
цæстытæ доны зилы Сатана. Ома уый тынгдæр риссы Хæмыцы
мæлæтыл, афтæ равдисынмæ хъавы, фæлæ Уырызмæджы фæл-
тæрд цæст зын фæсайæн у, — уый йæ уыны, тых куыд кæны йе
’фсин. Никуы дæр тынг зæрдиагæй мæт кодта Хæмыцыл. Ныр
дæр, ома йæ зæрдæ рисса, уый йæ нæ уырны. Хъыг ын уыдаид,
уæддæр йæ мадызæнæг у, стæй мыггаджы тыхджындæр лæгтæй
иу. Хæмыц нал ис, зæгъгæ, уый стыр зиан у мыггаджы тыхæн, сæ
ныфсы лæг уыд ныббырстыты дæр, стæй искæмæ æртхъирæны
рæстæджы дæр, фæлæ йыл зæрдæйæ тынг нæ барисдзæн. Иу
мады хъæбултæ сты, уый раст у, фæлæ Уырызмæг æмæ Хæмыц
уыдысты æцæг æфсымæртæ: гуыргæ дæр иу бон ракодтой, хъо-
мыл дæр — иумæ, сæ царды хуыздæр бонтæ дæр иумæ батыдтой.
Æцæг, Уырызмæг Сатанайы куы ракуырдта, уæдæй фæстæмæ тынг
хъæрмуд нал уыдысты: ус иууыл уый дзырдта — Уырызмæг хис-
тæр у, Нарты фæтæг æмæ раздзог у!.. Хæмыцмæ уый хъыг каст,
æмæ уыйадыл рæстмæ нал уыд йе ’фсымæримæ. Фæлæ йын стæй
Сатана . архъызы дæндаг куы радта, сыламонд куы баци Хæмыц,
уæд йæ къух ауыгъта хистæрдзинадыл — уадз æмæ Уырызмæг
уæд хистæр, сылты дзæбæхтæ та мæн бауæнт!.. Афтæмæй дыууæ
æфсымæры адард сты кæрæдзимæ, Сатана та бынтондæр ферох
Хæмыцæй, æрмæст ма йæ зæрдæйы кæрон æвæрд уыди масты
къæм: мæ кады ном мын байста, сылы уæрджытæ æмбæрзæнæй
мын æй фæивддзаг кодта!..
Æппæт уыдон зыдта Уырызмæг æмæ йæ нæ уырныдта, Сата-
найы зæрдæ ныр тынг рисса Хæмыцы мардыл, уый. Йæ бæзджын
æрфгуыты бынæй йæ цæсты тигъ дардта усмæ æмæ хъуыды кодта:
цыдæр хин та мысы не ’хсин, дзæгъæлы нæ радав-бадав кæны
йæхи, цæстмæ митыл уæгъды не схæцыдаид!..
Уырызмæг фынгмæ барæй æрбасидт Батрадз æмæ Сосланмæ,
хъуамæ сын бамбарын кæна, нырма сæхиуыл куыд хæцой, зианы
уал бавæрын хъæуы, стæй уæд нæ туг исыны кой кæндзыстæм:
йе, фидаугæ, йе, хæцгæ... Фæлæ цалынмæ нæ мард уæлæуыл ис,
уæдмæ æрмæст уымæн кад скæныныл куыд уа уæ мæт. Науæд
адæмæй худинаг у. Нæ мард æлгъыстаг хъуамæ ма фæуа!..
285
Уырызмæг ацы фæндиæгтæ бæргæ хорз ранымадта, фæлæ йæ
ныхас кæроимæ нæма фæци, афтæ йæ хъуыры фæбадт Сослан:
ома æнхъæлмæ кæсын ницы пайда у, туг исын хъæуы, стæй афо-
ныл; фидыдæн та йæ кой дæр куыд нæ уа!.. Махæн нæ хуыздæр-
ты марой æмæ сæм мах та цæлы фынгтæм цæуæм, уый нæ уы-
дзæн, уый худинаг у!..
— Лæппу, худинаг цы у, уый æз дæуæй хуыздæр зоныи, æмæ
мын зæндтæ ма амон! — ныррыхыд бæргæ Уырызмæг, фæлæ йæм
хъусæг кæй ничи ис, уый рахатыд æмæ фæсабырдæр кодта йæ
иыхас. — Нырма уал бавæрæм нæ зианы кад æмæ радæй, стæй
уæд тæрхон кæндзыстæм нæ дарддæры хъуыддагыл... Худинаг ам
батагъд кæнын у, уæззау хъуыддаг иу къæрццæй ничи лыг кæны...
— Уый раст зæгъыс нæ лæг, — фæлмæнвад ауагъта йæ ныхас
Сатана. — Фæлæ лæппуйы ныхас дæр аппаринаг нæу... — йæ хус
цæстытæ асæрфта кæрдæны къалиуæй Сатана. — Нæ мыггаджы
хуыздæры нын амардæуыди æмæ ам фидауынтæ-йедтæн койгæ-
нæн дæр нæй!.. Дæ иунæг мадызæнæджы дын мæрдтæм барвыс-
той æмæ куыд фидауыс семæ?! — кæуæгау скодта Сатаиа, стæй
фæсабыр, цæмæй йæм тынгдæр æрыхъуыстаиккой лæппутæ. — Туг
исгæйæ у, æнæмæнг! Стæй канд æлдарæй дæр нæ, фæлæ ма йын
хъузоны чи бадти, уыдонæй дæр! — Сатана йæ хæстмондаг цæсгом
цæхгæр æмæ æргом фæзылдта Уырызмæгмæ, цæмæй йæ лæппутæ
бæлвырд уыной, уый семæ разы кæй у. ^
Уырызмæджы зæрдæ йыл фæхудти. Йе ’фсымæртæй йын иуы
амбæхста — Сырдоны кой не скодта барæй: ома уæд Батрадз куы
бафæрса, цæуылнæ ис ам мæ фыды дыккаг æфсымæр?.. Уыцы
дзырд куы ’рхауа, уæд бахъæудзæн Хæмыцы «сгуыхтдзинад» ра-
хъæр кæнын, уый йе ’фсымæры бинонты куыд фæцагъта, уый
радзурын, уымæй дæр гуыбыны фæдыл!.. Сатана зоны — ацы ха-
бар лæппу нæ фехъуыста, Сырдоны та уынгæ дæр никуы фæкод-
та, йæ кой йын искуы фехъуыста, уый бæрæг дæр нæй æмæ йын
цас ницы зона, уыйас хуыздæр — уадз æмæ лæппу йæ уæларвон
царды йæ фыды митæн мацы зона, афтæмæй йын иса йæ туг, уый
раст лæг, æфхæрд лæг æнхъæлæй. Уæд, куырм галау, кæндзæн
Сатанайы тæрхонæй йæ тугисæн фæнд!..
Уырызмæджы зæрдæ фæхудт Сатанайыл ноджы уымæй дæр,
æмæ йæ ныхмæ æргом ницы загъта, афтæмæй йын кæстæрты та
йæ фæндоны ныхмæ кæны: æвæццæгæн, афтæ æнхъæлы æмæ уыцы
чысыл хин Уырызмæг нæ бамбардзæн!..
Уырызмæг уыцы хинтæ нымайыныл схæца лæппуты раз, уый
йæ нæ фæнды, нæдæр æмбæлгæ кæны, фæлæ фæлвары, хъуыддаг
афтæ рацаразын æмæ Сатанайы фæнд куыд нæ ацæуа, науæд но-
286
гæй исты фыдбылыз æрцæудзæн лæппутыл... Иу къуырийы бæрц
бауромын йæ бон куы бауа Батрадзы, уæд йæ фæнд фæрæстмæ
уыдзæн — уæдмæ йын бамбарын кæндзæн йæ фыды хабæрггæ, ома
уый дæр мæнæ сыгъдæджытæй кæй нæ уыд, Сайнæджы раз та бын-
тон зылын кæй уыди, æмæ ныр фидауынæй хуыздæр кæй ницы ис...
— Цы, уый зоныс, не ’фсин, тугисын нырмæ дæр æмæ ныр дæр
устытæм никуы хауди, æмæ йæ ды дæр дæхимæ ма ис. Стæй туги-
сын кæмæй хъæуа, уымæй дæр дæу цыма нæ фæрсдзысты Æхсæр-
тæггаты мыггаг, афтæ мæм кæсы... Ныр кæд махмæ лæгау-лæг
ничиуал ис æмæ нæ уынаффæ сылтæм æрхауд, уæд æндæр хабар
у, уæд, дæ хорзæхæй, уынаффæ кæн æмæ дæм хъусæг та мах
уыдзыстæм... Цæй, кæд дæм æппын ничи хъуса, уæддæр та Уырыз-
мæджы цы бон ис — хъусдзæн дæм!..
Уырызмæг æцæг смæсты йе ’фсинмæ, уынаффæ йæхимæ кæй
иста æмæ фæсивæды рæстырдæм кæй нæ ардыдта, уый тыххæй.
Æргом ницы йæ бон уыди, æргом радзургæйæ йæ фарс нæ фæуы-
даиккой лæппутæ — Сослан æмæ Батрадз... Æмæ уый дæр рай-
дыдта хинæй архайын: хъуамæ зонды тыхæй фæбынæй кæна Са-
танайы фыдбылызы фæнд!..
— Уæдæ кæд уынаффæ мæнмæ æрхауди, — йæхи фæгæмæл
кодта Сатана, — уæд æз зæгъын: туг исын хъæуы, стæй рæстæгыл!
Мæнмæ гæсгæ, ардыгæй мæ ныхас ничи ахæсдзæн, Сайнæг ныр-
ма æнхъæл нæ уыдзæн, махæй йæм исчи тугисæг фæзына, уый...
Ды куыд нымайыс, нæ лæг, уый дæр афтæ нымайы — иу æгъда-
уыл хæст стут!.. Æмæ хуыздæр уыдзæн, уымæ æнафоны фæзы-
иын, уымæй афоныл туг райсын!..
— Æнæгъдауæй цы туг райсай, не ’фсин, уый адæммæ нымады
дæр нæу! — Уырызмæджы фæнды лæппуты зонд адæмы фарнæй
басæттын, кæд Сатанамæ нæ байхъусиккой.
— Адæммæ нымады у хъуыддаг, куыд æй саразай, уый та дæхи
бар у, уый дын æз раджы бауырнын кодтон, нæ лæг, æвзонг ма
куы уыдыстæм, уæд, — хины зылд æм фæкодта йæ цæсгом Сата-
на. Æмæ Уырызмæг фæфæсмон кодта йæ ныхасыл: Сатанайы адæ-
мы фарн никуы уырныдта æмæ уый кой дзæгъæлы æрыфтыдтон.
— Уый та куыд дæхи бар у? Æнæгъдауæй цы хъуыддаг бакæ-
най, уый цы фæнды хорз куы уа, уæддæр æнæгъдау æмæ æвæстаг
кæй у, уый нæ зоныс? — фæрсы Уырызмæг æмæ йæ ныфс ис, —
Сатанайæн йæ зæрдыл æрлæудзæн, æвæстаг цæй тыххæй фесты,
уый, фæлæ фæрæдыд.
— Нæ лæг, æгъдау у тугисын æмæ йæ хъуамæ бакæнæм. Уый —
мæ ныхас, æмæ дзы цы ис æнæгъдауæй? Ницы. Уæд ма мын цы
мæ цæстмæ дарыс? Нæ туг кæд æмæ куыд исæм, уый та нæхи
287
зонд æмæ хъаруйыл баст у!.. Фæци ууыл хъуыддаг, цæмæн æй
дзырддаг кæныс, ницы мæ сæрæн зонын!.. — бустæтæ кæны Сата-
на æмæ Уырызмæг хаты, нæ басæтдзæн ацы усы, æвзонгæй дæр
ыл нæ тых кодта, ныр йæ хъару куы фæсаст, йæ царды бон ныгуы-
лынмæ куы фæкъул, уæд та бынтон нал басæтдзæн... Цы фæнды
дзура, уæддæр ус йæ фæнд кæндзæни ацы лæппутимæ æмæ та
Нарт ног фыдбылызты ныссæдздзысты.*.. Зоны уый зæронд Уырыз-
мæг æмæ ма, йæ тыбыртæ цæгъдæгау, фæстаг хатт бафæлвæрдта
йæ кæстæрты æнæраст хъуыддагæй бахизын:
— Æз дзырддаг ницы кæнын, фæлæ уын зæгъын, марды бавæ-
рæм, стæй уæ цы фæнды, уый бакæнут... Дæуæн та уый фæдзæх-
сын, не ’фсин, æмæ лæппуты ног туджджынтæ агурыныл ма баф-
тау. Иу зиан нын фаг у!.. Нæртон адæм сæ кæрæдзи цæгъдынмæ
куы райсой сæ къух, се сæфт уæд æрцæудзæн æмæ уый хъуамæ
ма ’рцæуа. Мыййаг, дæ зондæй ахæм исты куы ’рцæуа, уæд æй зон —
адæм сæ маст дæуæй исдзысты, дæ хæдзарвæндагæй æмæ бынтон
æвæстаг кæнæм... Ахъуыды кæн, æфсин, сонты дуг раджы аив-
гъуыдта æмæ мауал фæрæди, — уый æцæг фæдзæхст уыди, æн-
дæр ницы, фæлæ йæ Сатана хъуыды дæр не ’ркодта.
— Нæртон адæмæн цы хъæуы, уый æз дзæбæх зонын æмæ йæ
кæстæртæн дæр нæ басусæг кæндзынæн, — бынтон абырста Уырыз-
мæджы æмæ сæрбæрзондæй дзуры Сатана. Ныр бæлвырд зоны,
цы йæ фæнда, уый сараздзысты лæппутимæ!
— Уый дæр ма дæ зæрдыл дар, æмæ æз афтæ нæ базæронд
дæн, æмæ ма исты фыдбылыз куы ’рцæуа дæ азымæй, уæд дын æй
раздæрау ныггæдзæ кæнон, — бартхъирæн кодта Уырызмæг уары-
нæй, фæлæ Сатана мур дæр нæ фæтарст: ног сайд та йын фæкæн-
дзынæн, фыццаг хатт, мыййаг, куы иæ ’рымысыди байуарын!
— Мæ чысыл зондæй, нæ лæг, ды дæлæ хистæртæм куы ази-
лис, æгъдау сын куы раттис, уæд хуыздæр уаид, лæппутимæ æз
мæхæдæг уынаффæ кæндзынæн, — алыг кодта Сатана æмæ Уырыз-
мæг дæр ницыуал сдзырдта, рацыд хæдзарæй кæртмæ, мæрддзы-
гой адæммæ.
Батрадз тынг зæрдиагæй фæхъуыста дыууæ зæронды дардыл
быцæумæ. Схъиуд лæг нæ уыд, хъусын æмæ йæ тæрхон рабар-
бабар кæнын зыдта, фæлæ ныртæккæ йæ зæрдæ дзырдта æрмæст
маст райсынмæ, раст æмæ йын зылын равзарын зын уыди, æмæ
уыйадыл йæ зæрдæмæ тынгдæр цыдысты Сатанайы ныхæстæ, уый
фæидыл ацæуын æм хуыздæр каст. Уый схъомыл уæлæрвты, Хуы-
цауы хъан уыди æмæ йæ фыды уарзта цыдæр æвæджиау хорз
æнхъæлæй. Æцæгæй цы уыди, уымæн ницы зыдта. Ныр иугæр
туг исын хъæуы, уæд ма йæ дард æмгъуыдмæ æргъæвын цы пайда
288
у, уый нæ хатыд, зæххон æгъдауимæ тынг зонгæ дæр нæ уыд æмæ
йæ лыстæджытæ луарын нæ фæндыд. Йæ хъуыдыйы уыд — йæ
туджджыны æвирхъау тынг бафхæрын, йæ мастисты карзæй дзыл-
лæты зæрдæ куыд нырриза, зæххон адæм æй сæ зæрдыл куыд
дарой фыдæй-фыртмæ, йæ ном куыд баззайа а зæххыл...
Йæ сасирыйас цæстытæ æнтъысиæгæй кастысты, цыдæр тæ-
нæг фæлм сыл абад-айсæф кодта, фæлæ сыл хъарм сыг нæ бадт.
Саби йæ иууыл стырдæр æнхъæлцауæй куыд фæсайды уа, æмæ
куыд хъыицъым кæна æрхуымæй, уыйау уыди Батрадзы зæрдæ.
Иæ бакаст æнцой уыд, фæлæ мидæгæй зæрдæ йæхимидæг сыгъд
æмæ агуырдта маст райсын, фылдæр та йæ разæнгард кодта йæ
сонт цытуарзондзинад — йæхицæй тыхджындæр ыл никуыма сæм-
бæлди æмæ йын исчи йæ фыдмæ йæ арм сисын бауæндыд, зæгь-
гæ, уый йæм стыр худинаг каст; иугæр уыцы хабар æрцыд, уæд та
йыл тынг рахъызын кæй æмбæлы, ууыл дызæрдыг нæ кодта...
Æрмæст æй фæндыд тагъддæр ахицæн кæнын хъуыддаг æмæ та
стæй уæлæрвтæм фæтæхын...
Нал фæндыд Батрадзы хъусын дæр, фæлæ æфсæрмæй ницы
дзырдта, хъуыста, Сатана ма цы зæгъдзæни, уымæ æнхъæлмæ каст
иугъæдон коммæгæсæй. Йæ фыды мæлæт дæр, тугисыны хабар
дæр æм цыдæр æнæнхъæлæджы æмæ æнæсæрфат хъуыддаг, фæлæ
æнæмæнг бакæнын кæй хъæуы бар-æнæбары, ахæм кастысты.
Фервæз сæ тагъддæр æмæ сæрибар дæ! Тыхæвзарæн дæр ма дзы
кæй ис, æрмæст уый каст Батрадзмæ йæ аккаг ми. Уый нæй, уæд
йæ зæрдæмæ цы фæцыдаид, ахæмæй дзы ницы ардта. Зæххон
лæджы зæрдæхатт æм нæма уыди. Уæлæрвтæн дæр рæстмæ ницы
зыдта. Тыхæвзарæн хъæзтытæй дарддæр уым дæр ницыма бав-
зæрста æмæ цæмæй цæры æрвон цæрæджы зæрдæ, циу йæ цин
æмæ йæ маст, йæ фæндиæгты сæр, уымæн ницыма æмбæрста. Ныр
цымыдисæй хъуыста Уырызмæг æмæ Сатанайы быцæумæ, Сосла-
ны дзырдæппарæнтæм, фæлæ сын сæ раст æмæ сæ зылыныл хъуы-
ды дæр нæ кодта, æрмæст Сатанайы ныхæстæ йæ зæрдыл æмбæл-
дысты, карды комау раст, бæлвырд æмæ иуæрдæм арæзт: аргæвд,
амар æмæ хъуыддаг ахицæн! Уым хъæуы æрмæст тых, ныфсхаст,
гæрзты хорздзинад æмæ хæрзарæхст. Уыдонæй æххæст уыди лæп-
пу æмæ йæм тугисын тыхæвзарæн хъазтау каст. Ахæм хъазты
уæлæрвты бирæ хæттыты басгуыхт, басгуыхдзæн ныр дæр æмæ
ууыл фæуыдзæн йе ’рцыды сæр ацы зæххон дунемæ. Æрмæст ма
Сатана тагъддæр куы фæуид йæ дзуринæгтæ, уæд араст уаид йæ
туджджыны хæдзармæ æмæ йæ сæргæвдид лæгæй-лæгмæ хæсты...
Сатана лæппуты уæлхъус бабадти, Уырызмæг куы ацыд, уæд
æмæ райдыдта йæ ардауæн зонд амонын.
19 Сырдопы цæссыгтæ
289
— Хабар афтæ у, мæ хъæбултæ, æмæ æлдар афтæ æнцон ра-
сайæн нæу йæ лæгæтæй. Нæ зианы куыддæр бавæрæм, афтæ уый
æддæмæ нал ракæсдзæн йæ галуанæй, уырдæм та æнцон лæбурæн
нæу... Цалынмæ нæ бамбæхст, уæдмæ йæ бафснайын хъæуы, на-
уæд стæй уыцы фидары алыварс бирæ рауай-бауай бахъæудзæн...
Гъе, æмæ, — комкоммæ уынаффæмæ ахызт Сатана, — цæуын æм
хъæуы афоныл, цалынмæ ницы ’нхъæл у, уæдмæ... Дæу ам ничи
зоны æмæ дæ уый дæр нæ базондзæн... Бацу йæм исты бæлццоны
хуызы, кæнæ æххуырсты фыййау лæууынмæ, стæй ма уæд кæ-
дæм аирвæздзæн?.. Æрмæст тыхджын лæг у, æмæ йæ фæсайын
хъæуы, комкоммæ лæбургæ нæу...
Сослан йæ был акъуырдта, ома сылгоймаджы тæппуд ныхæс-
тæ. Батрадз дзургæ ницы скодта, æрмæст йæ бынаты базмæлыд, —
уый зæрдæмæ дæр нæ фæцыди Сайнæджы тыхы кой, ома уый та
цæй нымаинаг хабар у!.. Бамбæрста сын Сатана сæ зæрдæйы уаг
æмæ йын æхсызгон уыди, фæлæ йæ катайы сæр уæддæр радзырдта:
— Нæ, нæ, мæ хъæбултæ, æлдар афтæ æнцбн ракъуырæн нæу...
Йæ мæлæт æрмæст йæхи кардæй у æмæ йын æй исты хуызы ра-
сайын хъæуы...
Сатана фæхъуыдыйыл æмæ Батрадз дæр бамбæрста, мад дзæгьæ-
лы нæ тыхсы, æвæццæгæн, раст дзуры æмæ йæм уæд дзæбæх бай-
хъусын æмбæлы.
— Иууыл хуыздæр уыдзæн æлдары исты хуызы æрæууæндын
кæнын, уымæн йæ кард уынынмæ райсын æмæ уый фæстæ арха-
йын йемæ... Уый йæ кард æдзух йæ фарсыл дары, йæ ныфс уый
у... Раппæл-иу ын йæ кардæй, фехъуыстон йæ кой, дардыл хъуыст
у, æмæ йæ куы фенин, уæд уый æнгæс саразын кæнин, ома уый
хуызæн та кæм уыдзæн, фæлæ йæ бакастæй уæддæр... Иугæр кард
къухы куы бафта, уæд та цæвгæ у, уæд дзы мауал тæрсут, лæгæй-
лæгмæ хæсты никуы уыд мæнæ хъæбатыртæй... — нымайы Сата-
на, цыма йæхæдæг дæр бирæ фæхæцыд кард æмæ уартæй, уыйау.
— Уый афтæ фод, фæлæ уæд æнхъæлмæ кæсын нал хъæуы,
цæугæйæ у, — йæ ныхас баппæрста Сослан.
— Нæ, уый та куыд? — фæлмæн, фæлæ фидар хъæлæсы уагæй
дзуры Батрадз. — Иу куыдзы ныхмæ дыууæйæ?.. Уый худинаг у.
Цæуын æрмæст æз, иунæгæй. Кæнæ — уый, кæнæ — æз. Дæ сæр
дзы нæ хъæуы. Кæд æз ницы сарæхсон, уæд дæ рад уыдзæн æмæ
кæн дæ хъуыддаг... Фæлæ нырма мæхæдæг удæгас дæн.
— Нæ, нæ, мæ хъæбул, иунæгæй уадзæн дын нæй! — батыхсти
Сатана. Æниу йæ фæнд уый уыди æмæ Батрадзимæ иумæ Сослан
дæр куы басгуыхид. Уыдта, стыр тых ис Хæмыцы лæппумæ æмæ
уый цур Сосланмæ ницы фыдбылыз кæсы, сгуыхты номæй дард-
290
дæр. Зыдта уый дæр, æмæ Сослан цытуарзаг кæй у æмæ йын стыр
хъыг кæй уыдзæн, Батрадз æй йемæ куынæ ауадза, уæд. Тарст,
дыууæ лæппуйы ’хсæн хæрам куы фæзына, уымæй. Уый та фæндыд
Батрадзы стыр тых æмæ Сосланы хин баиу кæнын. Йæ зæрдæйы
рæвдыдта иу ног фæндиаг: ацы дыууæ лæппуйы æмзондæй куы ар-
хайой, уæд сын тыхгæнæг тых нал ссардзæн. Ноджы ма йæ зондмæ
куы хъусой, уæд сæ диссаг айхъуысдзæн æнæхъæн дунейыл!..
Нæ зыдта Сатана æрмæст иу хабар: Батрадз дæр къаддæр
цытуарзаг нæ уыд æмæ йæ нæ фæндыд йæ фыды туг искæимæ
исын! Ноджы ма уый дæр нæ фæхатыд, æмæ Батрадз лæгæй-
лæгмæ хæцын ахуыр кæй уыд æмæ искæуыл æвварс кæнын йæ
сæрмæ кæй нæ хаста чысылæй фæстæмæ. Нырма тыхæвзарæн
хъæзтыты уый æвзонг лæппуйыл нымад уыди æрвон бæсты æмæ-
иу зæдтæй искæй куы ассæста, уæддæр-иу æй афтæ бавдыстой,
цыма лæппуйы хъыг кæнын никæй фæндыд!.. Зыдта уыцы æф-
сон Батрадз, фæлæ йæм хъыг нæ касти — уадз æмæ сæхи уымæй
раст кæнæнт, сæ зæрдæйы мидæг æй зонынц, æз тыхджыидæр
кæй дæн!.. Æмæ йæм æцæг ничи уæндыд схъæл дзырд кæнæ
æфхæрæн ныхас. Иууылдæр æм фæлмæн æмæ рæвдауæн ныхас
кодтой. Уый та сæхимидæг афтæ амыдтой, зæгъгæ, Хуыцауы хъан
кæм у, уым йемæ быцæу не ’мбæлы, стæй æдас дæр нæу. Фæлæ
уыцы хинæн лæппу ницыма зыдта. Æцæг, уыйадыл йæ цытуар-
зон нæ фæкъаддæр. Хатыд, йæ уæнгты стыр тых кæй ис æмæ йæ
кæуыл бавзæрстаид, уый агуырдта сусæгæй, фæлæ йæ нæ ардта.
Ныр ын фадат фæци æмæ йæ искæмæн æрдæгыл ныббæтта, уый
йæ нæ фæндыд, цæхгæр «нæ!» загъта. Бирæ йæм фæхатыд Сата-
на, фæлæ не сразы.
Сатана стыхст: зыдта йæ, Сослан уыйадыл схæрам уыдзæн
Батрадзмæ, фæлæ йын ницы бантыст.
Сосланмæ æцæг хъыг фæкасти æмæ æрæджиау афтæ бакодта:
— Уый дæ куы зыдтаин, уæд дæм æрвитгæ дæр нæ акодтаик-
кам. Ам туг чи райса, уый дзы ис æнæ дæу дæр. Фæлæ дæ кæд
афтæ фæнды, уæд цу. Æз балцы лæдзæг раджы райстон æмæ та
йæ ныр дæр мæ дæларм акæндзынæн. Чи зоны, истæуыл аныдзæ-
вин æз дæр. Æна — буц номæй бадзырдта Сослан Сатанамæ, уымæ
мад æввахсдæр кæй у, уый банысаны охыл, Батрадзы цæстмæ, —
æз ныртæккæ балцы цæуын, иннæбон та зындзынæн! — уыйадыл
Сослан феддæдуар, Батрадзæн фæндараст дæр нал загъта, кæд
уый тæссаг фæндагыл цыди, уæддæр.
Батрадз дæр цæуыныл сси æмæ йын Сатана фæндаг бацамыд-
та, стæй ма йæм цыдæр фæсмын дарæс дæр рахаста:
— Уыдон нæ фыййауы дарæс сты æмæ-иу сæ скæн... Уый ху-
291
динаг нæу, мæ лæппу, æлдар хинæйдзаг у, стæй тарст, æмæ дыл
куы фæдызæрдыг уа, уæд дæ къухы нæ бафтдзæн...
Ницы йæм сдзырдта Батрадз, райста фыййауы фæлыст æмæ
араст йæ фæндагыл изæрдалынгты.
4
Сырдон хъæугæрон фæхицæн Фæрныгæй, фæлæ йын баца-
мыдта зианджынтæм бацæуын, Уырызмæджы къух райсын, на-
уæд æм æцæг сæ зæрдæ фехсайдзæн. Йæхæдæг ацыд йæ хæдзар-
мæ. Кæртмæ куы бахызт, уæд ыл уазал æмæ æдзæрæг къуым уай-
дзæфы улæфт æрбакодта æмæ йæ зæрдæ суынгæг... Сафтид мæ
къæс, ничиуал дзы ис... Кæддæрау та хъуамæ Фатакуимæ мæ
иунæджы бонтæ тонон... Никуыуал райхъуысдзæн ацы къуымтæй
сабийы хъæлæс. Бамыр мæ хæдзар, бамыр æнустæм...
Хурафарн кæрты ныгæд уыд æмæ Сырдон бацыд ингæнмæ,
йæ зонгуытыл æрлæууыд æмæ йын йæ сыджыты муртæ алæгъз
кодта йæ армæй. Ныббогъмæ йæ бирæ нал хъуыд, фæлæ йæхиуыл
ныххæцыд. Лæппуйы нывæрзæн цы тала донхæрис сагъд уыд, уый
дзыккутыл рæвдаугæ æрхаста йæ армытъæпæн æмæ сыстад: арт
скæнын хъæуы, цырагъ дæр ма дзы искуы уыдзæн, худинаг у
лæппуйæ, афтæ зæгъдзæн, мæ фыд рухс скæнынхъом дæр нал у,
æрвылхатт талынг изæртæ æрвитын...
Сырдон сарт кодта, нæзы цырагъы фарк ссардта, асхъис æй
кодта æмæ хъуырауы хуызæн хæдзары къуымтæ барухс сты. Акасти
Сырдон йæ къуымтæм, фæлæ дзы ницы аивта, раздæрау уыдысты
нывыл, цыма Алæгон чысыл раздæр йæ цæгатмæ ацыд æмæ сæ
бæстонæй ныууагъта... Ногæй та ныззæй кодта Сырдоныл йе стыр
æнамонд, фæлæ йæ нал абырста, ныр сабыр уыдысты зæрдæйы
риуыгъдтытæ: зонд сахуыр, хъуыддагæн раивæн кæй нал ис, ууыл
æмæ нал знæт кодта æнусон масты иугъæндондзинадæй.
Фæкомкоммæ Сырдон йæ гæрзтæм дæр. Хурафарны чысыл
фатдон æмæ æрдын сæ фарсмæ. Кæрдойы æрдузы йын цы гæрзтæ
радта, уыдон, стæй йæхи гæрзтæ. Нæй, уыдон дæр йæ къухмæ
никуыуал райсдзæн... Гæрзтæ дæр æнамонд хæссæг сты, æндæр
ницы... Зондæй цы хъуыддаг нæ бакæнай, уый уæддæр фæриыг
никуы уыдзæн, мастисынæн, чи зоны, фаг уа, фæлæ зæрдæрайы
сæр никуы уыдзæн... Æмæ уæд цы у хæцæнгарзмæ æвналын дæр?..
Æрбадт Сырдон арты раз æмæ та йæ сæр ныххауд быцæу ар-
мытъæпæнтыл. Чи зоны, цас фæбадтаид афтæ, йæ мастæлгъæд уд
къахгæйæ, фæлæ йæ хъуыдыйы кæрон æдзух уыди нæртон зæххы
ног фыдæвзарæн æмæ фæтых йæ сагъæсыл дæр, ног катаймæ аз-
292
дæхт йæ хъуыды... Цæуын хъæуы, Уырызмæджы фенын хъæуы,
уый ме ’вварс куы нæ уа, уæд ницы суыдзæн мæ бон æмæ бæстæ
туджы лæсæнты бын фæуыдзæн...
Сырдон суыдта нæртон адæмы хистæрты Уырызмæджы алыварс.
Сæргуыбыр æмæ уæнтæхъилæй лæууыдысты, цыма се ’ппæтыл дæр
стыр зиан æрцыд, уыйау. Кастысты зæхмæ æмæ алчи дæр цæуылдæр
хъуыды кодта йæ мидзæрды. Чи зоны, иуæй-иуты ’ппындæр нæ уыд
Хæмыцы маст, иннæтæй ахæмтæ дæр уыд, уыцы хъуыддаг æхсызгон
кæмæн уыд: ныр фæцуддзæн Уырызмæджы хæдзар, балцы цугæйæ
сын лæгьстиаг фæуыдзæн — йæ фаззон æфсымæр нал балæудзæн йæ
фарсмæ æмæ йæ бахъæудзæн æндæр æгьдæнцой агурын кæнæ йæ
бæрзонд бынатæй æрхизын æмæ иннæ Æхсæртæггаты æмрæнхъ æр-
лæууын. Сырдон уый хатыд æмæ сыл йæ зæрдæ фæхудт — сæхи
смæтгæнæг кодтой, афтæмæй та сæ зæрдæ мур дæр ницæуыл риссы,
цæстмæ митыл ирхæфсынц сæхи. Кæд дзы исчи рыст зæрдæ у, уæд
иунæг Уырызмæг, уымæн æцæг рачынди йæ галиу цонг. Нæ дзæнæт-
таг мад раджы бацыд мæрдтæм æмæ йын æфсымæр никуыуал уы-
дзæн, цасфæнды ма куы фæцæра, уæддæр æфсымæры номæй никæ-
мæуал бадзурдзæн. Æз ма дæн, фæлæ йæм æз рагæй адард дæн, цы
ныфс мæ авæра? Зоны йæ, йæхи аххос у, фæлæ уый ницыуал давы
хъуыддаджы... Нал ис йæ фаззон æфсымæр, йе стыр ныфс — цины
дæр æмæ тыхы бон дæр... Чи зоны, ма афтæ æнхъæл дæр у, æмæ
мæнæн æхсызгон уыд йæ рамард — ме знаг уыд, мæ бинонты цæгъ-
дæг... Æмæ уымæй раст у, фæлæ мæн йæ мæлæт тынг куы фæндыда-
ид, уæд æй мæхи армæй барвыстаин мæрдтæм...
Сырдон æнæдзургæ бацыд хистæрты ’хсæнмæ, райста Уырыз-
мæджы къух æмæ йын æргом бакаст йæ цæстытæм. Уырызмæг æм
тызмæгæй каст æмæ дыууæ ’фсымæры иу-цасдæр кæрæдзимæ
фæкастысты, æгомыгæй фæныхас кодтой. Бамбæрста Уырызмæг,
æхсызгон нæ уыд Сырдонæн Хæмыцы мæлæт. Æмæ нал æвзæрста —
цæмæн, цы зонды фæдыл?.. Æфсымæры уарзондзинады фæдыл
нæ уыд, уый æмбæрста, фæлæ туг уæддæр туг у, иу мадызæнæг
стæм, — æрфæлмæн Уырызмæджы зæрдæ, цадæггай йæ цæстытæ
сыгæй байдзаг сты æмæ йæ рахиз армæй йæ цæсгом амбæрзта: йæ
цæстысыгтæ ныггæр-гæр кодтой, фæлæ æргом кæуын йæ сæрмæ
нæ бахаста. Арф ныуулæфыд æмæ кæуынхъæлæсæй афтæ бакодта:
— Цы ма фæуа мæ зæронд сæр, ме ’фсымæр, ракалд мæ ныфсы
мæсыг знаджы армæй?.. Балцы фæндагыл искуы хæцæны куы
фесæфтаид, уæд ыл хъæцин, не ’ппæт дæр мæлæты фос стæм,
фæлæ дæ исчи йæхи хæдзары, æууæнкæй, хицоны зæрдæ дарыны
ныфсæй куы бабын кæна, уæд цы чындæуа, ме ’фсымæр, куы
ницы мæ сæрæн зонын?..
293
Сырдон рахатыд Уырызмæджы хъæлæс æмæ ныхасы уагæй:
уый фæнды Сырдонæй ныфсы дзырд фехъусын, цæмæй иннæ Нарт
зоной — нырма Уырызмæджы хæдзары ис æфсымæр, иунæг нæу
æмæ йыл дзæгъæлы мачи фæрайæд!.. Рахатыд ма уый дæр, æмæ
ацы уавæры цы кæна, уый æцæг кæй нæ зоны æмæ Сырдонæй
зондджын уынаффæмæ кæй æнхъæлмæ кæсы. Исдугмæ фæхъуы-
дыйыл Сырдон, цы йын хъуамæ зæгъа, куы йæ зоны, уæлтæрхæг
чи ис, уый йæ фыддæр знаг кæй уыд, æмæ йæ сæрыл гæрæхтæ
кæнынмæ кæй нæ уыдзæн арæзт, уый дæр хъуамæ зона. Фæлæ
исчи Уырызмæгыл фæрайа, уый дæр нæ фæнды Сырдоны æмæ
æргом дзурыныл ныллæууыд.
— Ме ’фсымæр, стыр цæф дыл кæй сæмбæлд, уый зонын. Фæлæ
цы кæнон? Мæнæн мæ зæрдæ раджы скъахта... Фæлæ уæддæр
мæ мадызæнæг уыди æмæ йæм йæ арм чи райста, уый мæнæн дæр
знаг у, мæ хорзмæ бæллæг кæй нæу, уый бæрæг у. Ныр та, ме
’фсымæр, нæ уæлтæрхæг зиан кæм ис, уым уал — æгъдау, нæ
фыдæлты ’гъдау, стæй уæд хуыздæр зонд цы равзарæм нæ уавæ-
ры, уый бакæндзыстæм. Æндæр æз ницы зонын, ме ’фсымæр...
Ды хистæр дæ æмæ мын кæд хуыздæр исты ныббæттай, уæд æй
бакæндзынæн...
Фæцыд Уырызмæджы зæрдæмæ Сырдойы ныхас. Уый æнхъæл
дæр дзы нæ уыд, стæй йæ уынаффæ та йæхи фæндонимæ æмуд
кæй уыд, уый та йын уæлдай æхсызгон фæци æмæ йæ сæр разыйы
тылд бакодта:
— Хуыздæр фæу, мæ мадызæнæг, æгайтма дæумæ дæр ахæм
зонд ис. Мæн дæр раст афтæ фæнды нырма, стæй уæд уынаффæ
кæндзыстæм.
— Бахатыр кæнут, хорз адæм, — бадзырдта Сырдон мыггаджы
хистæртæм, — бузныг уæ лæггадæй, — ахицæн кодта хистæрты
Уырызмæгæй, æмæ та сын уымæй дæр бамбарын кодта, Уырыз-
мæг ныр йæ иунæг æфсымæр кæй у, сæ дыууæйæ æввахсдæр кæй
ничи ис сæ мыггаджы, æнæхицау кæй нæу, — фæлæ мæн чысыл
адзуринаг ис Уырызмæгимæ. Кæд аипп нæу, уæд уал фæгæдзæ
кæнут...
Рахицæн сты Уырызмæг æмæ Сырдон хистæртæй æмæ, иучы-
сыл иуварс куы ацыдысты, уæд Сырдон ныллæг хъæлæсæй рай-
дыдта дзурын:
— Ме ’фсымæр, стыр фыдбылыз æрцыд нæ бинонтыл, фæлæ
ууыл ныхъхъæциккам... Æниу мын мæ ныхас масты фæдыл ма
бамбар. Мæнæн цы стыр маст бахæрын кодта, уый тыххæй йæ æз
бафхæрдтон, мæ зæрдæ æмæ мын мæ зонд цас амыдтой, уыйбæрц...
Уæддæр уыцы фыдбылыз нæ бинонтæй дарддæр нæ ацыд, нæхи
294
къухæй ныццагътам нæ кæстæрты, æвæстаг фестæм æмæ нын ни-
кæй аххос уыд, нæхæдæг уыдыстæм... Ныр чи ацыд, уый дзæнæт-
таг уæд, фæлæ нын, мæ зондæй, йæ цæргæйæ цы фыдбылызтæ
скодта, уымæй йæ мæлæт ноджы стырдæр фыдбылыз фæуыдзæн...
Уырызмæг ницы дзырдта, кæдæм арæзт у Сырдоны ныхас,
уый нæма хатыд æмæ æнкъардæй хъуыста, хаттæй-хатт-иу арф
ныуулæфыд, йæ зæрдæйы маст кайæгау, фæлæ дзургæ ницыма
кодта. Сырдон уыдта йе ’фсымæры уавæр æмæ йын йæ хъуыды
фергомдæр кодта:
— Ме ’фсымæр, стыр фыдæвзарæн æрцыди Иартмæ, нæ уæзæг-
мæ. Æмæ дæ кæд искуы зонды сæр хъуыди, уæд ныртæккæ. Ацы
фыдæвзарæны цы акæрда дæ зонд æмæ дæ дзырд, уымæй уыдзæ-
ни дæ фидæны ном æмæ кад. Дæ чысыл рæдыд дæр дын нæ ныб-
бардзысты фæстагæттæ дæр æмæ абоны дзыллæ дæр. Дæ чысыл
зонды хабар дæр баззайдзæн хæрзиуæгæн æмæ кады номыл мыси-
нагæн. Уый стыр хъуыддаг у æмæ йыл дзæбæх ныхъхъуыды кæн,
дæ масты фæдыл ма ацу, науæд худинагæн баззайдзæн дæ ном
дæр æмæ дæ мыггаджы ном дæр. Уый дын мæ дзуринаг. Ницы
дын загътаин, фæлæ абон тæргæйтты æмæ иуварс лæууыны рæс-
тæг нал у. Лæгæн йæ хæдзар куы кæла, уæд фæдис хъæр кæнын
уæддæр хъуамæ сарæхса...
— Æмæ цы фæдисаг фестæм? — æнæбары бакодта Уырызмæг.
Уый нырма дæр рæстмæ не ’мбæрста, Сырдоны катайы сæр цæ-
уыл уыди, уый. — Лæппумæ уæлæрвтæм не ’фсин арвыста. Æрцы-
дис æмæ тугисыныл ныллæууыд... Загътон ын, нырма уыцы хъуыд-
дагыл не стæм. Нæ зианы уал бавæрæм, стæй уæд æгъдау цы амо-
на — кæндзыстæм æй: кæнæ фидаугæ, кæнæ хæцгæ... Уый — нæ
фæдис... Æз цы зыдтон, уый загьтон, æндæр ницы мæ бон у. Масты
фæдыл цæуын æз дæр нæ фæнд кæнын... Нæ фыды уæзæгыл
кæрæдзи хæрæм, уый мæн дæр нæ фæнды, фæлæ лæппу цы сфæнд
кæндзæн, цы бæрæг ис? Йæ фыд уыди æмæ йын мах цыфæнды
дзурæм, уæддæр æй кæм баиргъæвдзыстæм?..
— Хъуамæ йæ баиргъæвæм, уæдæ куыд?.. Уый ам куы ныгга-
лиутæ кæна хъуыддæгтæ, уæд стæй куыд дæ зæрды ис цæрын?..
Уый сфардæг уыдзæн уæлæрвтæм, Хуыцауы хъан у, фæлæ ам,
ацы фыдвæтк дунейы цæрын мах хъæудзæн æмæ йын фæтк дæр
хъуамæ мах æвæрæм...
— Уый раст у, фæлæ нын зæгъдзæн: æз кæнын, мæнмæ цы
хауы уыцы фæткæй а-дунейы, уый. Куыд дзы цæрдзыстут, ууыл
та уæхæдæг сагъæс кæнут...
— Нæ, ме ’фсымæр, кæд уый дæр махæй у, уæд хъуамæ сагъæс
кæна канд йæхи æгъдауыл нæ, фæлæ мах фидæныл дæр...
295
— Лæппуйы уыдæттæм кæм февдæлы, мæ хур... Стæй ам чи
цæры, уыдон иууыл æз æмæ дæ хуызæн хъуыды кæнынц, уый
цæмæй зоныс? Махмæ раст цы кæсы, уый иннæтæ растыл ны-
майынц?.. — уый Уырызмæг йæ хъæстытæ кæныныл фæци æмæ
Сырдон бамбæрста, æвæццæгæн, бинонтæм уыди ныхас æмæ
Уырызмæджы фæндыл не сразы сты, уымæн афтæ ныфссастæй
дзуры, науæд йæ ныхасы уаг æндæр уаид.
— Цæмæн афтæ дзурыс, ме ’фсымæр, æви лæппуимæ исты
бæлвырд ахицæн кодтат æмæ йæ мæнæй æмбæхсыс? — комкоммæ
бафарста Сырдон, цæмæй йæ бон базыдтаид æмæ æндæр исты
зонд агуырдтаид.
— Дзургæ ницы, фæлæ нæм ныхас уыдис æмæ æртæ дæр туги-
сыныл ныллæууыдысты. Иунæг мæ зонд цы акарстаид?.. Æз сын
ницы ком радтон, æмæ ма хистæры кæд исчи нымайы, уæд хъуа-
мæ мæ фæндоны сæрты ма ахизой, фæлæ сыи чи цы зоны?.. Иу
дæр дзы коммæгæстæй нæу, дæхæдæг сæ нæ зоныс?..
Сырдон йæ бон базыдта, фæлæ ма æххæст бæстондæр куы зо-
нид, цы фесты лæппутæ — Сослан æмæ Батрадз, уæд стæй исты
кæнид. Уыцы хъуыдыйæ бараст Уырызмæгимæ хæдзармæ, кæд
æй йæ къах нæ хаста, уæддæр. Сатана у ныр хъуыддаджы цырв
æмæ уый фæндтæ куынæ рахата, уæд ницы суыдзæн йæ бон.
— Лæппутæ та цы фесты, не ’фсин? — Уырызмæг дæр, æвæц-
цæгæн, Сырдоны сагъæстыл лæуд уыди æмæ къæсæрæй куы 6а-
хызт, уæд фæрсыныл фæци, Сырдоны къухы сдзурын ницыуал
бафтыд.
— Нæ сæ федтай, цы кæнинаг уыдысты, уый дын æргом куы
загътой! — уайдзæфмæ фæраздæр Сатана.
— Цы загътой, уый фехъуыстон, фæлæ сын æз цы загътон, уый
ницыуал у, æви ам мæ дзырдмæ хъусæг нал ис? Æви хистæр нал
дæн?! — скарз Уырызмæг — базыдта йæ, сæхи фæнд атардтой,
фæуæлахиз та йыл йе ’фсин æмæ йын хъыг бæргæ уыд, фæлæ ма
цы кодтаид. Æмбæрста йæ, йæ хыл ныр хи расткæнæгау кæй у
æмæ уайтагъд фæсабыр.
— Хистæр фæрнæй у, фæлæ нын нæ хуыздæры амардтой æмæ
лæбурæг хистæртæ нæ фæцæуынц. Кæстæртыл цы ’мбæлы, уый
кæнынмæ фæцыдысты æмæ сын æз цы хъуамæ загътаин? Уæ сæр
æгады бынаты ныууадзут? Æмæ мæм байхъуыстаиккой? Стæй ма
адæмы рæгъы рацæуынхъом уыдаиккой уый фæстæ?.. — Раны-
мадта Сатана æнæкъæрццæй æмæ Сырдон базыдта — æппæтдæр
æрцыд йæ хойы зондæй, æмæ йæ ныр куынæ басæтта, уæд фыд-
былызтæй фыддæр цы уа, уый æрцæудзæн нæртон зæххыл ацы
цытуарзаг сылгоймаджы зондæй.
296
— Лæбурæг сæ фервыстай, мæ хо, æмæ ма йæ лæппуты ’фсон
та цы кæныс, — дзырд йæхимæ айста Сырдон. — Куы йæ зоныс,
дыууæ лæппуйы дæр дæ коммæ бакастаиккой, масты фæдыл ма
цæут сын куы загътаис, уæд, æмæ ма дæхи цы рæстытæ кæныс?
— Уый фод, фæлæ дæуæн та цы дæ уæлфад гал лæууы? —
йæхи фæгæмæл кодта ус. — Ды та йыл кæд смæтгæнæг дæ? /Еви
йæ удæгасæй кæй ныффæлдыстай дæ мæрдтæн, уый нæ фехъуыс-
там? Кæнæ йæ мæлæты сыгъдæг кæй нæ дæ, уый нæ зонын? —
Сырдоны цыма йæ армы дзыхъы аууæрста, уыйау йæ къухтæ кæ-
рæдзийыл асæрфта æмæ сыл стæй афу кодта. — Уый — дæ ныхæ-
стæ, æндæр ды ам ницы дæ æмæ дæ фæд-фæд куы ацæуис, уæд
мæм хуыздæр кæсы!..
— Дæумæ афтæ хуыздæр кæй кæсы, уый æз рагæй зонын, —
йæ мастыл дæндагæй ныххæцыд Сырдон. — Фæлæ дзы кæд мæн
дæр афæрсын хъæуы, мыййаг, мæ хойыхай? Æви дæуæн исты
фылдæр хай ис нæ мад æмæ нæ фыды хæдзары, и? Æви кæй
амардæуыд, уымæ ды тугæй æввахсдæр дæ? Æви афтæ æнхъæ-
лыс, æмæ æз нæ зонын, мæ бинонты цагъды дæ зонд дæр кæй
уыд?.. Зонын сæ, дæ хорз хъуыддæгтæ иууылдæр æмæ мæ ма
дзурын кæн, ныртæккæ уый афон нæу. Фæлæ дын уæддæр хъуа-
мæ зæгъон: дæхи æнцад дар, дæ зæрдæмæ хæсс де стыр фыдми —
æвæстаг фæкодтай Æхсæртæггаты хуыздæрты!.. — йæ маст йæ
хъуырмæ схæццæ Сырдонæн, йæ бинонты сæфт та сног, фæлæ
уæддæр йæхиуыл ныххæцыд... — Мæнæ ма дзы а дунейыл дыууæ
уды аззад, æмæ кæд цыфæнды сты, уæддæр сæ ма бахæр, науæд
дыл хъæбулхоры ном сбаддзæн нæртон зæххыл, æмæ йæ фыццаг
чи радзурдзæнис адæмæн, уый та уыдзынæн æз. Уый дæ зæрдыл
дар, мæ хойыхай, афтæмæй кæн дæ уынаффæтæ ацы бонты. Дæ
зæрдыл æй дар!.. Куы йæ зоныс, мæнæн никуыуал ничи ис æмæ æз
мæхи мæрдтыл нымайын, цардмæ нал бæллын, фæлæ дæуæн, куыд
дæм кæсын, афтæмæй дæ зæрды ис, нæртон зæххыл ма кæстæрæй
цы ис, уыдон се ’ппæты бахæрын, æмæ уый нæ уыдзæнис мæ удæ-
гасæй. Дæ зæрдыл æй дар, мæ хо!.. — фестад Сырдон тæвдкалгæ.
Сатана йæ былтæ æнæввæрсоны счъилтæ кодта, афтæмæй хъуыс-
та. Æнæхъусгæ дæр ын нæ уыд, Сырдон ын дзырды бар нæ лæ-
вæрдта, фæлæ йæ цырд-зондæй ахста Сырдоны æртхъирæнты
тас æмæ нымадта, сæ сæрты ахизæн нæй. Истыхуызы сгæпп кæ-
нын хъæуы уыцы рæстдзинады сæрмæ, цæмæй йын уымæй мацы-
уал тас уа æмæ йæ фæндон кæна, куыд ничи йæ зона, афтæмæй.
— Дзæгъæлы ныхæстæ кæныс!.. Æз никæй хъæбулты бахорд-
тон. Сымах кæрæдзи хъуын-хъис хæрут, уый мæнмæ ничердыгæй
хауы. Фыдбылызтæ уæхицæй рацыдысты æмæ сæ искæй бæрзæ-
297
йыл бæндæнау ма тух. Лæппутæ дæр уæ лæппутæ сты æмæ сын
уынаффæ кæнут, кæд хуыздæр исты зонут, уæд. Исты сыл æр-
цæуа æви нæ, мæнмæ азым ничердыгæй хауы. Æрмæст сæ æз,
сымахау, æгады фæндагыл нæ сардаудзынæн, кæд мæм хъусæг
уа, уæд... Уый дын мæ ныхас!.. Ныр цу æмæ сæ агур ды. Бацамон
сын де стыр зонд! — бынтон фæныфсджын Сатана, ома ныр хъуыд-
даг цæттæ у æмæ дæ бон ницыуал у, тæвд къæйыл каф. — Цу,
бахиз сæ фыдбылызæй, кæд ахæм зонды хицау дæ, уæд. Æз цы
зыдтон, уымæй сын ницы бахæлæг кодтон. Ныр, дæ хорзæхæй,
хуыздæр зондыл сæ бафтау! Дæхимæ стыр зондджын куы кæсыс,
гъеныр дæ сæр бахъуыд æмæ цу!..
— Уый та цæй цæуыны кæйттæ кæныс, кæдæм сæ фервыстай,
кæм сæ агуырдæуа? — стыхсти Уырызмæг.
— Загътой: балцы цæуæм. Кæдæм, уымæй ницы дзырд ныу-
уагътой. Балцы цæуаг сымах стут, æз уын уæ фæндæгтæн дæсны
нæ дæн. Æмæ цæут, агурут! Мæнæй мацыуал домут!.. Фæци нæ
ныхасаг, цæут! — цæхæркалгæ ацамыдта йæ къухæй дуармæ Сатана.
Сырдонæн цы зонын хъуыд, йæ хо сургæ уый кæны, Уырыз-
мæджы та ма йын йемæ æмпъузæн акодта, йæ дзырд бынтон æнæгъ-
дау цæмæй ма рацæуа, уый охыл, фæлæ йæ нæртæккæ тæргæйт-
тæм не ’вдæлд æмæ йæ цыма хъуыды дæр не ’ркодта, уыйау æм
бадзырдта:
— Гæды зæгъыс, мæ хо, нæма фæци нæ дзырддаг. Цалынмæ
амæлон, уæдмæ мæнæн мæ дзырддаг никуы фæуыдзæн демæ. Кæнæ
та хъуамæ дæ фыдбылызтæй сцух уа нæртон бæстæ. Дыууæйæ иу
равзар, мæ хо, æндæр гæнæн нæй. Лæппутæ искуыцæй зындзыс-
ты, фæлæ фыдбылызы фæндагыл дæ зондæй кæй ацыдысты, уый
бæрæг у æмæ йæ нæ басусæг кæндзынæ... Ныр та ма дын зæгъын:
ныууадзут уæ ардауæн митæ! — Уый Уырызмæгмæ дæр хауд, ома
де ’фсин исты фыдбылыз куы бакæна, уæд дзы ды дæр æнæхай
нæ баззайдзынæ, фæлæ йын йæ рохтыл хæц. — Кæд уæ æндæр
фæрæз нал ис, уæд уæ азар саразут æндæр бæстæм, низы бардуа-
гау уæ курæг дæн, уæ цæсгом дарут æндæр искуыдæм, нæртон
бæстæм уæ чъылдым раздахут æмæ йæ æнцад-æнцой ныууадзут!..
Æз цæуын, фæлæ мæ ныхæстæ дæ зæрдыл дар, мæ хо!..
Рацыд Сырдон кæртмæ, йæ фæдыл рахызт Уырызмæг дæр.
Нæ йæ фæндыд, уыцы хылы фæстæ Сатанайы цур иунæгæй баз-
зайын, стæй Сырдонæй дæр худинаг уыд, цыма йæ уый дæр сырд-
та йæ хæдзарæй, афтæ рауадаид. Кæрты Сырдон иучысыл æнцад
алæууыд, стæй афтæ зæгъы:
— Ме ’фсымæр, ацы хатт дæ иу хорзæх курын: лæппутæ куы
фæзыной, уæлдайдæр Батрадз, уæд сæ иунæгæй мауал ныууадз
298
мадимæ. Науæд сæ ардаудзæн адæмыл æмæ дæ зæронд сæр дæр
ныххудинаг уыдзæн. Сайнæгæй æнæфыдбылыз кæй нал стæм, уый
бæрæг у, фæлæ бахизын хъæуы нæртон адæмы. Сайнæг сæ къухы
куы бафта, уæд сæ нæртон адæмыл кæй ардаудзæн, уый æз, мæ
уоны кæсæгау, зонын æмæ уымæй хъуамæ бахизæм нæ мыгга-
джы. Хъусыс, ме ’фсымæр? Айс дæ зæрдæмæ мæ ныхас. Æмæ æз
цы фæнды фон, фæлæ ма кæд дæхи ном æмæ нæртон адæмы но-
мæй иучысыл аргъуц кæныс, уæд ацы хъуыддаг ма ’руадз. Æххуыс-
гæнæг дын чи уыдзæн, уый мæнæ æз. Æндæр дын ницы.мæ бон у.
Ныр æз цæуын, фæлæ дæхæдæг лыстæггай фæнымай хъуыддæгтæ
æмæ сæ афтæмæй кæн. Нæ хо æгæр скъæйных æмæ йын чысыл йæ
ных бакъуыр. Адæмы хъуыддæгтæ кæнын дæумæ хауы æмæ сæ,
хæдзары уынаффæйау, де ’фсины армы дзыхъмæ ма баппар... Æз
цæуын. Кæд дæ истæмæн хъæуон, уæд сом ам уыдзынæн.
Сырдон рацыд æнкъардæй æмæ талынджы аныгъуылд. Уырыз-
мæг йæхимидæг æрдиаггæнгæ уæззаугай рараст ныхасмæ.
5
Сырдон аивтæй бакаст Уырызмæджы скъæтмæ: кæд æцæг
сфæнд кодтой лæппутæ Сайнæгмæ лæбурын, уæд бæхтæ уым нæ
уыдзысты. Æрфæн æмæ Сосланы балцы бæх уым нæ уыдысты.
Хъуыддаг æвзæр у, тагъд кæнын хъæуы, — ахъуыды кодта йæхи-
нымæр Сырдон æмæ сфæнд кодта йæ катайы сæр Алафарн æмæ
Армимазæн радзурын: иунæгæй ахæм хъуыддаджы ницы бакæн-
дзынæн...
Алафарн хæдзары разынд æмæ йæм Сырдон кæртмæ расидт.
Загъта йын, Армимазимæ сæ адзурын кæй хъæуы, хъуыддаг æв-
зæрырдæм кæй зилы æмæ сæ исты æрхъуыды кæнын кæй бахъæу-
дзæн, стыр фыдбылызы райдиан йæ цæфыл комбаст бакæныны
тыххæй. Алафарн, æвæццæгæн, йæхæдæг дæр ууыл катай кодта
æмæ йæм уæлдай ницыуал сдзырдта, уазæджы мидæмæ бахонын
дæр дзы айрох, бинонтæн дæр ницыуал загъта, афтæмæй араст
Сырдонимæ Армимазмæ.
Уый сæ куы ауыдта, уæд йæ цæсгом фæрухс, цыдæр сагъæсæй
цыма фервæзти, уыйау сыл бацин кодта æмæ сæ хæдзармæ бадавта.
Фынг сын сæ разы авæрдта æнæдзургæйæ. Æфсинимæ цыма дзырд
уыди, уыйау сын уый дæр уайсадæгау сæ размæ цалдæр дзулы
æмæ цыхты кæрстытæ æрдавта, стæй æд арахъы дурын сæ уæлхъус
балæууыд. Армимаз йæхæдæг кувыныл фæци, æмæ цыма йæ уаз-
джытыл тагъд кодта, уыйау сын æртæ куывды фæстæ бæркад загъ-
та, стæй се ’ртæ дæр фестадысты æмæ рацыдысты хæдзарæй.
299
— Сымахæн нæ зонын, фæлæ мæн бирæ дзуринаг ис уемæ, —
сабыргай, йæхимæ дзурæгау, бакодта Армимаз, — стæй мын мæ ныхас
алчи хъуса, уый дæр мæ нæ фæнды. Хуыздæр уыдзæн, мæ куырдадзы
нæхæдæг хибарæй куы аныхас кæнæм, уæд. Æмæ цом уырдæм.
Уæлдай ничи ницы сдзырдта, æгомыгæй цыдысты йæ фæдыл
æмæ куырдадзы талынг къуым цырагъы рухс чысыл куы бахуы-
зæн кодта, уæд Армимаз йæ катай нывæндынмæ фæци:
— Сайнæгимæ кæй фæтуджджын стæм, уый мæм стыр фыдбы-
лызы райдиан кæсы. Æз цы Сосланы зонын, уый ныр æфсон фæ-
уыдзæн æмæ лæбурдзæн, тыхмитæ кæндзæн, стæй æрмæст Сай-
нæгыл дæр нæ банцайдзæн, æвæццæгæн... Æниу уыимæ хæст дæр
туджы сæвдулын кæндзæн нæ чысыл адæмы... Фидыдмæ куы ’рцæ-
уид хъуыддаг, уæд мæм хуыздæр кæсы, фæлæ куыд?.. Куыд сра-
зы чындæуа Уырызмæджы, стæй иннæ хистæрты дæр?.. Ницы
мæ сæрæн зонын, фæлæ уый куы нæ бакæнæм, цалынмæ зианы
нæ бавæрой, уæдмæ, уæд стæй фыдбылызæн кæрон скæнæн нал
уыдзæн... Сайнæг дæр къабазджын у æмæ тугмæ туг агурдзысты,
чи кæмæ куыд æххæсса, афтæ мардзысты кæрæдзи æмæ ма уæд
цæрæн уыдзæн нæ уæзæгыл?..
Армимаз дзырдта, куынцы раз æртдзых кæнгæйæ, æмæ йæм
лыстæггай хъуыстой, йæ дзырд айсынмæ нæ тагъд кодтой йе ’мбæлт-
тæ. Разы уыдысты йæ сагъæстыл, фæлæ ирвæзæн хос нæ зыдта
сæ иу дæр æмæ йæм цы бадзырдтаиккой, уый дæр сын нæ уыди.
Æрмæст бæрæг уыд иу хабар: Армимаз кæнæ барæй нæ дзуры,
кæнæ та æххæст нæ ахсы, сæ уæзæгмæ цы стыр фыдбылыз æрæв-
вахс, уый. Алафарн уыйадыл бафтыдта йæ хистæры ныхасмæ:
— Æз Сосланæй уыйбæрц нæ тæрсын, фæлæ лæппу куы ’рцæуа
уæлæрвтæй, лæбурдтытæ æмæ дзы лæгмæрдтæ уæд цыма æрцæу-
дзæн... Æмæ йæ чи баиргъæвдзæн?.. Кæмæ байхъусдзæни?.. Са-
тана у æмæ йæ ардаугæ цы кæна, æндæр йæ разы нæ ныллæу-
дзæн, нæ йæ раздахдзæн тугисыны фæндагæй... Уырызмæг фида-
уыныл куы ныллæууа, уæддæр æм йæ кæстæртæ байхъусой, уый
мæ нæ уырны. Тæрсын, ныггалиутæ уыдзысты æмæ иугæр туг
куы ’рцæуа калд, уæд туг тугæй æхсын ахуыр сты нæ адæм æмæ
ма нæ кæй фарны зонд раздахдзæн уыцы мæлæты фæндагæй?
Тæрсын, уæд Нарт сæфты къахыл ныллæууыдысты, кæрæдзи туг
баназдзысты... Нæ тых басæтдзæн нæхи армæй æмæ сыл сагъуый-
дзысты æддагон балбирæгътæ дæр... Цы ма уыдзыстæм уæд? Æгад
æмæ сæфтмæ æрцæудзыстæм...
Алафарн банцад. Фидыды кой не скодта, æвæццæгæн æй ацы
хъуыддаг нæ уырныдта æмæ йæм ууыл дзурын уæлдай каст. Æниу
хуыздæр ницы æрхъуыды кодтаид уый дæр, фæлæ дзы куы ницы
300
рацæуа, уæд ма йыл дзурын дæр цы пайда у?.. Сырдон ын бам-
бæрста йæ хъуыды æмæ йæ фарсхæцæгау рауад йæ ныхас:
— Хабар, сымах куыд æнхъæлут, уымæй ноджы фыддæр у, —
сабыргай райдыдта уый æмæ йæ æрвгъуыз цæстытæй нымдзаст,
æвзалытæ куынцы улæфтмæ зынджы хуыз куыд истой, уымæ. —
Батрадз æрхæццæ уæларвæй. Сатанайы зондæй фæцыд Сослани-
мæ Сайнæгмæ лæбурæг... Нæ зонын, сæ къухы бафтдзæн æви нæ,
фæлæ сæ кæнон кæй нæ ныууадздзысты, уый æнæмæнг у... Фи-
дыд дзы нал ис, Сайнæг ныр йæ гуырæй райгæ уæд, уымæн ницы-
уал фæахъазуыдзысты нæ ныхæстæ... Уыимæ фидауын исты хуызы
кæд базониккой нæ хистæртæ... Йæ бирæ къабæзтæ дæр кæд тыхы
сæрыл нæ ныллæууиккой, кæй дзы ницы фæфос кæндзысты Æх-
сæртæггатимæ хæстæй, уый æмбарæг сæм кæд фæзынид... Фæлæ
зындæр хабарæй тæрсын... Сатанайы фæндыл кæм ацыд лæппу,
уым æй, мыййаг, нæхи адæмыл дæр куы сардауа?.. Бурæфæрныг
сыгъдæг кæй нæу ацы хъуыддаджы, уый зоны Сатана æмæ йæ
ууыл дæр куы сардауа, уæд фыддæр рауайдзæн нæ хабар... Мæ
зондæй, нæ фыдбылызæн йæ райдиан дæр æмæ йæ кæрон дæр
лæппуйы зæрдæ æмæ зондыл баст сты... Цы лæг у, фæрныг зон-
дыл хæст у æви сæфты митæм арæзт — æз æй нæ зонын, сымах
дæр афтæ... Кæд, мыййаг, уый дæр йæ мадгонды хуызæн у, на-
уæд Сосланы зондыл лæуд, уæд — сæфт дыууæ сæфты... Тыхд-
жын кæй у, хъæбатыр, уый фехъуыстон, фæлæ уымæй дарддæр
цæмæй лæг у, уымæн ницы зонын æмæ зонын та уый хъæуы... Ам
хистæрты фæнд ницы акæрддзæн... Уырызмæджы федтон æмæ
уымæй пайда ницы ис, ничи йæм байхъусдзæн, бинонты хистæр
уый у, фæлæ цæргæ Сатанайы уынаффæйæ кæны... Уый федтаид
лæппу дæр æмæ дзы аргъуц кæна, уый дыууæйыл у. Ныр æй, чи
зоны, йæ маст нæ бауагъта хистæры зондыл ныллæууын, фæлæ
йæ туг куы райса Сайнæгæй, уæддæр æрсабыр уыдзæн, байхъус-
дзæн хистæрты зондмæ?..
Сырдоны ныхæстæм ноджы ныттар сты Алафарн æмæ Арми-
мазы цæсгæмттæ. Армимазы къух куынцы хæцæныл бандзыгау.
Алафарн цъупбылæй ныджджих. Бæрæг уыд, сæ дыууæ дæр сæ
чысыл ныфсыл сæ къух ауыгътой æмæ нал зонынц, цыхуызы ма
фервæзой фыдбылызы æвирхъаудзинадæй. Ницыуал ныфс сæ уыд
Сырдоны зондæй дæр: уый йæхæдæг дæр ныфсагур кæй æрбацыд
йæ рагон хæлæрттæм, уый зыдтой. Исты бæлвырд фæндаг куы
ссардтаид, уæд хъуыддаг йæ цæфыл бакодтаид уыдон æвастæй
дæр. Фæлæ уый дæр нæ зоны ирвæзæн хос, цы ма йæ фарстæуа...
— Уæдæ ныр Сатанамæ лæгъстæмæ фæцæуæм, æви куыд? —
йæ фæстаг ныфсы сæр фарсты хуызы рахъæр кодта Армимаз?
301
— Хуыздæр амал дзы ницыуал ис, æвæццæгæн, — æрæджиау
æнæбары сразы Алафарн, фæлæ йæ хъæлæсы уагыл зынди, фæн-
диаг ын кæй нæу ахæм лæгьстæ.
Сырдон ницы сдзырдта, фæлæ йæхимидæг цыдæртæ нымадта
æмæ та-иу йæ сæр банкъуыста, ома уый дæр хорз фæндон нæу.
Æрæджиау фæхатыд, йæ сæр кæй æнкъусы æмæ фæкъæмдзæс-
тыг: нæ разы кæны Сырдон, зæгъгæ, куы фенхъæлой. Афтæмæй
та хуыздæр фæнд уымæ дæр нæ уыд.
— Ницы ныфс мæ ис уымæй, — фергом кодта йæ хъуыды Сыр-
дон, — фæлæ бафæлварут хистæртимæ. Æз ын ницы зæгъинаг дæн,
мæ зондæй у ацы лæгъстæ, уый куы базона, уæд бынтон ныггауыр
уыдзæн æмæ уын ницыуал ком ратдзæн... Фæлтау æм уæхæдæг
фæцæут хистæртимæ иу цалдæр лæгæй... Уæддæр бафæлварын
хъæуы, стæй йæ нæ зæрдæмæ куыд нæ хæссæм.. Æниу æй мæ
зæрдæ зоны, уый лæппуты дæр ардаугæ раст уый тыххæй кæн-
дзæн, лæгъстиаг ын цæмæй суæм, бынтондæр нæ йæ армы дзыхъы
куыд бакæна... Развæлгъау ын нæ сæрæй куыд бакувæм, уæд ын
æхсызгон уыдзæн, фæлæ цæмæй æдзух тасы бын цæрæм æмæ йын
коммæгæс уæм, нæ ирвæзынгæнæг æй хонæм, уый охыл, мыййаг,
ноджы тынгдæр куы бандзара лæппуты?.. Æфхæрды бын бынтон
куы стыхсæм, уæд нын куыд фæуа хæрзгæнæг. Æнусмæ нын хæрз-
гæнæгæй куыд баззайа. Хины сырд у æмæ йæм ахæм зонд ма
’рцæуа, уый мæ нæ уырны, фæлæ уæддæр бафæлварут... Цалын-
мæ бынтон нæ ныггалиу сты хъуыддæгтæ, уæдмæ исты аразын
хъæуы, стæй байрæджы уыдзæн. Цæй, Уырызмæг уын мæ быгъ-
дуан, уыимæ æз дзурдзынæн æмæ йæ абырсдзынæн, фæлæ иннæ-
тимæ уæхæдæг архайут... Мæнæн уыдонимæ дзурын аив дæр нæу,
уæддæр мæ мадызæнæг уыд æмæ мæн хъуамæ фидауын кæник-
кой!.. — æнкъардæй худæгау базмæлын кодта йæ былтæ Сырдон
æмæ сыстад. — Цæй, æз цæуон мæ мæгуыр къæсмæ, хæрзæхсæв
раут!.. Кæд уæ фæнды, уæд ныр дæр ацæут зианы æхсæвбадæн-
мæ. Уым сты хистæртæ æмæ баныхас кæнут искæйтимæ хицæн-
тæй, стæй уæд сæхæдæг дæр исты фæндтæ кæндзысты, — тагъд
кодта Сырдон æмæ Армимазиты уым ныууагъта сæ сагъæсимæ.
6
Сырдон сфæнд кодта Батрадзиты фæдыл ацæуын æмæ, цы
аразынмæ хъавыиц, уый базонын. Нырма дард нæ ацыдаиккой
æмæ сæ кæд баййафин, зæгъгæ. Уыдон Сайнæджы галуанмæ кæй
цæудзысты, уый зыдта æмæ цыбыр къахвæндæгтыл сæ размæ
фæци. Фæндаджы был сæм банхъæлмæ каст, æмæ йæ цурмæ куы
302
’рхæццæ сты, уæд æхсæвы хъæндил фестад æмæ Батрадзы æфцæг-
готыл абадти.
Батрадз уыди /Ерфæныл, Сослан йæхи бæхыл. Бæхтæ сын-
дæггай цыдысты æхсæвы æгуыппæг хъармы æмæ лæппутæ ныха-
сæй сæхи ирхæфстой. /Ецæг, дзургæ фылдæр кодта Сослан. Бат-
радз-иу æм стæм хатт цыбыр ныхас баппæрста, арт схъауæгау, цæ-
мæй ныхас ма аскъуыдаид. /Емæ та-иу Сослан дарддæр кодта йæ
дзырд. Сырдоны зæрдæмæ фæцыди Батрадзы мадзура, фæлæ йæ
уæддæр фæндыд, ныхас уый куы кодтаид — кæд ын йæ зæрдæйы
хатт æмæ йæ зонды хæтæнтæ базонид. Сырдон æй зыдта, раджы
уа-æрæджы, уæддæр æй бахъæудзæн Батрадзимæ сæмбæлын, лæ-
гæй-лæгмæ дзурын, чи зоны йæм лæбурыныл дæр схæца, ома мæ
фыды мын цæмæн ныффæлдыстай. /Емæ йæ развæлгъау куы зо-
нид, цы лæг у, уæд цæттæ уаид хъуыддагмæ, уæд зонид куыд æмæ
цæуыл дзурид, стæй дзы цы хæрзæбон кæнæ фыдбылыз кæсы Нар-
ты уæзæгмæ. Фæлæ Батрадз йæхи хъусæг скодта Сосланы æппæ-
лой дзæнгæдамæ. Уый йын амыдта йæ балцыты хабæрттæ, йæ хъæ-
батырдзинæдтæ, цы уыд ’мæ цы нæ уыди, уыдон арвистон кодта,
афтæмæй. /Ермæст йæ алы сгуыхтдзинады дæр æнæмæнг уыди Хæ-
мыцы кой дæр, цыма уыдон дыууæйæ уыдысты нæртон адæмы
æхсар, сæ дарæг æмæ сæ уромæг, афтæ æвдыста хъуыддаг Сослан
æмæ Сырдон рахатыд: фæнды йæ Батрадзы зæрдæ балхæнын Хæ-
мыцы койæ, цæмæй йыл æууæнда, йæ ныхасыл цæуа, хистæрыл æй
нымайа æмæ йæ коммæ кæса. Зоны йæ, Батрадзы æвæджиау тых
уый къухы куы уа, уæд нæртон адæм йæ армыдзыхъы сты!
Батрадз йæхи афтæ дардта, цыма зæрдиагæй хъусы, фæлæ
Сосланы сгуыхтдзинæдтыл нæ бадис кодта, нæдæр сæ хорзыл ба-
нымадта, нæдæр сæ фаугæ ракодта. Бæрæг нæ уыд, цы хъуыды
кæны, стæй цы йæ зæрдæмæ цæуы. Нæ цыд уый Сосланы зæрдæ-
мæ, — цыма йын йæхæдæг стырдæр исты басгуыхт, уыйау дары
йæхи, фæлæ фендзыстæм, балцы фæндæгтæ дардыл сты æмæ чи
хуыздæр басгуыхдзæн, уый хæцæны фæбæрæг уыдзæн!.. Нæ цыд
уый Сырдоны зæрдæмæ дæр — кæд, мыййаг, йæ мадзурайæ хъу-
сын йæ цытуарзоны тыххæй у, ома мæиæн ахæм сгуыхтдзинæдтæ —
арсы хъуыны мæлдзыг, уæд дзы зонды лæг нæй æмæ дзы хæрзæ-
бон нæ рантысдзæн нæртон адæмæн...
Бон дзир-дзур кодта, афтæ ныввахс сты Сайнæджы фидармæ.
Хъæды дзыхмæ сæ бирæ нал хъуыд æмæ уырдыгæй та Сайнæджы
фидар дзæбæх зынди. Уый йын куы загъта Сослан, уæд Батрадз
бæхæй æрхызт æмæ Сосланмæ бадзырдта йæ фæндиаг:
— Ам ахицæн уæм. Бузныг дæ лæггадæй. Ныр ды дæ балцы
кой кæн, æз та мæ хъуыддаджы фæдыл æрзилон...
303
Сослан дæр бæхæй æргæпп кодта æмæ тæргайы хуызы загъта:
— Дæ дзырд фод, фæлæ хуыздæр уыдаид, иумæ куы уыдаик-
кам. Сайнæг афтæ æнцон рафæлдахæн нæу æмæ дын æз дæр исты
ахъаз фæуин, фæлæ... бар дæхи... Æз ам æввæхсты зилдзынæн,
уæлæ Арпаданы былтыл ацуан кæндзынæн, алы райсом та цæудзы-
нæн ардæм æмæ дæ кæд мæ сæр хъæуа, уæд-иу ардæм фæзын...
— Дæхи дзæгъæлы ма тыхсын кæн, исты амал кæндзынæн
мæхæдæг, фæлтау дæ хъуыддæгтыл зил... Мæ балц кæд фæрæст-
мæ уа, уæд рæхджы зындзынæн нæ уæзæгмæ æмæ уым фембæл-
дзыстæм... Ды мемæ куы уай, уæд нæ уайтагъд базондзысты нæ
туджджынтæ, мæн та ам зонгæ ничи кæны... Иунæгæй дæр кæд
сарæхсин... Æвварс кæнын нæдæр фидаугæ кæны нæртон лæгыл,
афтæ нæу? — комкоммæ бакаст йæ сасирыйас цæстытæй Батрадз
Сосланмæ æмæ уый фæхатыд, цыдæр кæй нæ фæцыд йæ зæрдæ-
мæ, йæ фарст уайдзæфы хуызæн кæй у, фæлæ ницы сдзырдта.
Схъиуд лæг уыди Сослан, фæлæ йæ ныр хылыл ныллæууын нæ
фæндыд. «Цыфæнды куы кæнай, уæддæр дæ мæ коммæ кæсын
бахъæудзæн, мæ лымæн лæг!...» — ахъуыды кодта Сослан æмæ
йæ гæдыйы цæстыты хины пиллон фæпæртт кодта.
— Куыд дæ фæнды, афтæ, ме ’фсымæр! — хъæлдзæгæй ба-
дзырдта уый æмæ фæстæмæ йæ бæхыл абадт. — Æцæг, Æрфæны
афтидæй цæуын бахъæудзæн, фæлæ кæд нæ фæхъыг уаид.
— Ницы кæны, — Батрадз æндæр дзуринаг ницыуал уыди, фæлæ
ма æрæджиау афтæ бакодта: — Нæхимæ куы аздæхис, уæд ноджы
хуыздæр уаид, уым нæ мад æмæ нæ фыдмæ исты фæкæсын куы
хъæуа мыййаг...
— Ууыл ма мæт кæн, нæртон зæххыл Уырызмæгæн цумагæ-
нæнтæй фылдæр цы ис!.. Æз ын цумайы лæппуйæн не ’нтысын,
йæ балцы фæдисон дæн! — ныр æцæг райгондæй ранымадта Сос-
лан æмæ йæ бæхы фесхуыста хъæды арфмæ къахвæндагыл.
Батрадз иунæгæй аззад æмæ йæ фыццаг фæндыд йæ фæндаг
цыбыр кæнын, фæлæ стæй йæ зæрдыл æрбалæууыд Сатанайы
фæдзæхст, фæсвæд ахызт æмæ йæ дарæс раивта, фыййауы фæ-
лыст скодта, йæ къухы иу æхсæры ставд къалиу райста, афтæмæй
рацыд фæндагмæ. Ныр æм бакæс æмæ æвзонг фыййау: йæ сæрыл
нымæтхуд уæлæмæ счъилæй, йæ фарсыл цыбыр цирхъ, йæ армы
лæдзæг...
Иудзæвгар куы рауад, уæд уæлвæндаг бадгæ федта иу ацæргæ
лæджы: йæ боцъо урсхæццæ, йæ фæлыст мæгуыр, цыдæр быз-
гъуыр уæлæфтау ын æмбæрзта йæ тæнæг арæзт уæнгтæ, йæ къу-
хы стыр лæдзæг, йæ цæстытæ æнтъыснæг æмæ фæлгъауæг каст
кæнынц. «Чи зоны мын исты бацамона ме знаджы æууæлтæй, афæр-
304
стытæ йæ кæнон...» — ахъуыды кодта Батрадз æмæ комкоммæ
бараст зæронд лæгмæ.
— Дæ райсом хорз, зæронд лæг! — зæрдиагæй загъта Батрадз
æмæ Сырдон бахудызмæл: — «Ай æгьдауджын лæг куы у æмæ йæ
куы нæ зыдтон».
— Дæ фæндаг раст, хорз кæстæр, — базмæлыд йæ бынаты Сыр-
дон, æмæ ацамыдта йæ фарсмæ, ома æрбад æмæ аулæф.
Батрадз бадгæ не ’ркодта, фæлæ кæстæрау йæ разы уырдыг
ныллæууыд æмæ йæм ныккаст, ома дæ исты хорз уынаффæ ран-
тыса. Сырдон иуцъусдуг ницы сдзырдта, æрмæст йæ лæдзæг йæ
уæрджытыл цæхгæрмæ æрæвæрдта, йæ къухтæ кæрæдзийыл абыд-
та æмæ уый дæр ныр комкоммæ бакаст лæппуйы цæсгоммæ:
— Дæ фæлыст мæм афтæ дзуры, цыма фыййау лæппу дæ. Кæд
дæ фосæй нæ фæхъуыд æмæ уыдон нæ агурыс?
— Мæ фæлыстæй раст зæгьыс, мæ хистæр, — йæ мидбылты
бахудт Батрадз, — фæлæ фыййау нæма дæн. Фехъуыстон, Сай-
нæг-æлдар цыма йæ бирæ фосæн агуры хорз фыййæуттæ æмæ
загьтон, фæцæуон æм, кæд мæн дæр айсид æмæ исты акусин ар-
дыгæй фæззæгмæ...
— Уый хорз æрхъуыды кодтай, мæ кæстæр. Æниу кæй кæстæр
дæ, уымæн бирæ фæцæр, мæ хур. Æрмæст Сайнæг ныртæккæ тыхст
уыдзæн æмæ фыййау агурыныл уа, а-да-гъа... — цыма йæхицæн
сагъæс кодта, уыйау фæлмас хъæлæсæй ранымадта Сырдон. Бат-
радз фенкъардау, ома уæдæ мæ балц уæгъды кæны, стæй бафарста:
— Æмæ цы уæлдай тыхст у, дæ хорзæхæй?.. Мыййаг, дзæгъæ-
лы цыд куы фæуон, уæд мæ хуызæн мæгуыр лæджы кæм æвдæ-
лы, — цыма тынг тыхсы, уыйау йæхи бамæгуыр кодта Батрадз, йæ
зæрды та уыди зæронд лæджы ракъахын, Сайнæджы тыххæй исты
базонын бæлвырд.
— Æвæццæгæн, хорз лппу, ды ницыма зоныс хъуыддæгтæн,
æцæгдæр, — ныуулæфыд Сырдон. — Сайнæгыл стыр фыдбылыз
сæмбæлд... Нæртон Хæмыцимæ цæуылдæр фæхъæлæба сты, загъд-
мæ сын асайдта æмæ йæ Сайнæг амардта... Уæдæ!.. — Сырдон
фæхъуыдыйыл, зæхмæ ныккаст, стæй йæ сæр систа æмæ, лæп-
пуйы иувæрсты кæсгæйæ, ома дæу ацы хабар тынг не ’ндавы,
фæлæ дын æй уæддæр хъуамæ зæгъон, æнтъыснæг хъæлæсæй ра-
нымадта: — Ныр нæртон лæг йæ сыджыты хайыл сæмбæлдзæн,
фæлæ дзы уынгæджы Сайнæджы сæр фæуыдзæн. Йæ амонд уы-
дзæн, кæд Хæмыцы æфсымæр Уырызмæг фидауыныл сразы уа...
Сайнæг хъæздыг хæрæг у æмæ бафиддзæн туг йæ бирæ фæллæйт-
тæй... Фæлæ Æхсæртæггатæ тыхыл хæст адæм сты æмæ куы нæ
разы кæной, уæд уынгæджы фæци Сайнæджы сæр... Тыхджын
20 Сырдоны цæссыгтæ
305
лæг у, къабазджын, фæлæ кæдмæ баддзæн йæ фидары?.. Бырс-
дзысты йæм Æхсæртæггаты фæсивæд, йæ фæллой нæххæлæттаг
уыдзæн, стæй йæм марæн кардæй додой кæндзысты æрвылуысм
æмæ афтæмæй цæрæн ис?.. Раджы уа-æрæджы, уæддæр æй амар-
дзысты, фидары къултæ дæр ын нал баххуыс кæндзысты... Æмæ
ма уый цы фæнды фод, иу мæлæт дары адзалæй æмæ йæ бафид-
дзæн, фæлæ цалынмæ уый æрцæуа, уæдмæ цас фæсивæд фæхъæу-
дзæн дыууæрдыгæй дæр, Хуыцау йæ зонæг... Кæрæдзи бахæр-
дзысты нæртон адæм, сæ тых сихсидзæн æмæ сæм уæд æддагон
тыхгæнджытæ дæр æвзидын райдайдзысты... Уæдæ!.. — фæхъуы-
дыйыл та Сырдон, йæхимидæг барста, фаг у лæппуйæн ацы зонд
æви ма йын ноджы исты бацамона. — Хæмыц, мæ хур, бæлццон
лæг уыди, æдзух хæтæнты цыди æмæ мæлæт йæхи къахæй агуырд-
та... Искуы дард балцы куы ’рцыдаид йæ мæлæт, уæд хъуыддаг
ууыл ахицæн уыдаид, фæлæ ныр йæ цæрынæй цы фыдбылыз уыд
Нартæн, йæ мæлæтæй сын ноджы фыддæр фæци... Туджы зæй
куы рацæуа нæртон зæххыл, уымæй тас у...
Батрадзы зæрдæмæ нæ фæцыд ацы ныхас, йæ цæсгом фæтар,
фæлæ уæддæр йæхиуыл фæхæцыд:
— Куыд бæстæтты зоныс хъуыддаг, зæронд лæг, æви ды дæр
Нартæй дæ?
— Æз фæсхъæуы Нартæй дæн, мæ хур, æмæ сæ цæуылнæ зо-
нон... Гуыппырсартæ кæрæдзи фæгуыппытæ кæнынц, фæлæ стæй
фыдбылызы та нæ сæр басудзы, æмæ уый хъуыдиаг у?.. Мæгуы-
ры дон хæрдмæ ласы...
— Диссаг, — ныр æцæг ныссагъæс кодта Батрадз, айрох æй ис,
фыййау лæууынмæ кæй цæуы, уый æмæ Сырдоны рихийы кæрон
базмæлыд, ома дæм цыма хъарын байдыдта, мæ кæстæр, афтæ
мæм кæсы, — цы сæм рауадаид, æрвад куы баххæссынц, уæд кæ-
рæдзи марынмæ куыд æрцыдысты?.. — цыма йæхи фарста, ахæм
хуызы дзырдта Батрадз, фæлæ йæ Сырдон хатыд, дзурын æй кæны.
— Диссагæй дзы ницы ис, мæ хур... Сылгоймаджы тыххæй
бирæ фыдбылызтæ цæуы а зæххыл... Сылгоймаджы зонд кæдæм
фæхæццæ уа, уым дæр фыдбылыз агур... Афтæ ’рцыд Хæмыцыл
дæр... Уый, мæ хорз кæстæр, тыхджын æмæ сæрыстыр, стæй
стырзæрдæ лæгуыд... Сылгоймæгтæмта рагæй дæр æмхиц уыди...
Сайнæгæн — рæсугъд ус, стæй йæ дард агурын дæр нæ хъуыд...
Адæм дзурынц, фæрæдыд Хæмыц Сайнæджы усмæ æмæ Сайнæг
уый ныббыхсын нæ бафæрæзта... Дамтæ не сты, уый дзы куы нæ
уыдаид, уæд Сайнæг æмæ Хæмыц хæлар уыдысты, ницы уыд се
’хсæн хæрамæй...
— Диссаг у уæддæр, — æрæджиау та бафарста Батрадз, — Хæ-
306
мыц кæд хæтæнты цæуаг уыд, уæд искæй ныфсæй кæм цыдаид,
куыд æй ракъуырдта афтæ æнцонæй Сайнæг?..
— Æнцон та кæм уыдаид, мæ хур, Хæмыц хъæбатыр лæг уыди,
лæгæй-лæгмæ йын Сайнæг ницы ракодтаид... Фæлæ, рухсагуæд,
аназын дæр уарзта æмæ нозтджын лæг та хæцынмæ нал фæца-
рæхсы... Стæй Сайнæгмæ диссаджы кард ис, йæ мæлæт уымæй у
æмæ йæ дæтгæ дæр никæмæ кæны... Æркарста нозтджын лæджы,
цы ма йын хъуамæ ракодтаид Хæмыц... Уымæй дæр йæ азым зыд-
та æмæ уæд лæг ныхкъуырд вæййы, мæ кæстæр...^Афтæ у...
Батрадз æцæг райдыдта йæхимидæг тыхсын. Йæ фыд азым-
джын кæй уыд, уый йæ фæкъæмдзæстыг кодта. Чысылæй йыл
уæлæрвты фæсивæд хъазты æмæ сабион хылты арæх æвварс код-
той æмæ йæ удхæссæг фестадысты æвварс кæнын æмæ æнæраст
хъуыддаг. Ныр уый æнхъæл уыди, Сайнæгмæ лæбуры рæстдзина-
ды сæрыл: амардта нæртон лæджы, бакодта стыр æнæрастдзинад
æмæ йæ хъуамæ йæ тугæй бафида!.. Хъуыддаг афтæ хуымæтæг
нæу, уый базыдта, фæлæ уæд цы кæнгæ у уымæн, йæ фыд куы
’рцыд мард?.. Батрадз тыхджын æмæ ныхджын уыди кæддæрид-
дæр, уымæн æмæ-иу рæстдзинады сæрыл уыди йæ быцæу. Ныр
уый нал ис æмæ ма цы кæна, ууыл тыхсы, фæлæ æнæзонгæ лæ-
джы раз йæ фæнд раргом кæна, уый нæу аив, йæхи зондæй алыг
кæна рæстдзинады хъуыддаг, уый та йæ бон нæу.
Сырдон хаты, лæппуйы сагъæс цæуыл у, фæлæ уымæн дæр
нæй йæхи раргом кæныны фадат æмæ йын тæригъæд кæны, лæп-
пу йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йæ фæнды исты йын куы баххуыс
кæнид, фæлæ куыд?.. Йæхи раргом кæна æмæ йын йæ судзаджы
катай радзура, уый фадат нæй. Лæппу йæ фæнд æрдæгыл ныууа-
дза, йæ туджджынæн ныггæдзæ кæна, ууыл не сразы уыдзæн, йæ
сæрмæ нал æрхæсдзæн фæстæмæ аздæхын дæр æмæ ма йын цы
чындæуа?..
— Цом, цæуæм нæ фæндагыл, мæ хур, — сындæггай бакодта
Сырдон æмæ уæззаугай сыстад йæ лæдзæджы ’ицой, цыма æцæг
зæронд уыди, уыйау. Цыд йæ фæрсты сагъæсгæнгæ Батрадз дæр
æмæ йæм уæд Сырдон бадзырдта:
— Мæ кæстæр, ды уæгъды мæт кæныс, афтæ мæм кæсы, цыма
дæ айсдзæн йæхимæ фыййауæй, Сайнæджы бонджын хæрæг...
Кæд нæ разы кæна, уæд-иу ын афтæ зæгъ, æлдар, ды, зæгъ, дар-
дыл куы хъуыды кæнис, уæд дæ фыййауы хорз æмæ бирæйы сæр
нырыхуызæн никуы хъæуы. Нырмæ, зæгъ, дæм ничи уæндыд
лæбурын, тарстысты Æхсæртæггаты бæлццон фæсивæдæй... Ныр
та, зæгъ, дæм уыдон сæхæдæг райдайдзысты бырсын, иугæр сæ
фæтуджджын дæ, уæд, æмæ сæ дæхи куыд хизын дæ зæрды ис?..
307
Ды йын уый зæгъ, кæддæра ма ноджы æндæр фыййæуттæ агурын
дæр нæ райдайа. Стæй йын чысыл мыздыл дæр ма сразы у, хæ-
цæнгæрзтæ дæр дзы æрдом, мæн, зæгъ, Æхсæртæггаты хъал фæ-
сивæд фысау раргæвдой, уый нæ фæнды: дæ кард мæм ратт кæнæ
мын уый хуызæн саразын кæн æмæ, зæгъ, стæй дæ фос хъахъхъæ-
нын та мæ быгъдуан... Мур дæр дзы ма ’фсæрмы кæн, схъæл-
дзырд у мæгуыр лæгмæ, фæлæ ныр йæ уонджы мигъ бацыд æмæ,
арынджы цъылынау, фæлмæн уыдзæни...
— Бузныг дæ зондæй, мæ хистæр, ныр кæд æцæг фæфæнда-
раст уаин, — бауыгъта йæ уæнгтæ Батрадз æмæ фæхъæлдзæг-
дæр.
Хъæды кæронмæ рахæццæ сты æмæ Сырдон сæфсон кодта,
мæн, дам, Арпаданы былмæ цæуын хъæуы, дзæбæх хъамыл дзы
зайы æмæ дзы хъуамæ хъæддаг хуыты цæуæнтæ басгарон, фæз-
зæг цуаны цæуын мæ зæрды ис, зымæгмæ истытæ æрцæттæ хъæу-
дзæн, стæй мæхи дæр аирхæфсон... Батрадзы зæронд лæджы балц
не ’ндæвта æмæ йыл хъуыды дæр нал акодта — цæуæд йæ фæнда-
гыл, мæн дзы цы хъуыди, уый базыдтон. Ахицæн сты æмæ Бат-
радз Сайнæджы галуанмæ араст, Сырдон та хъæдгæрæтты сив-
гъуыдта Арпаданы ’рдæм.
7
Сырдон фæразил-базил кодта, ссардта Сосланы бæхты фæд,
сихорафон уыд, афтæ та сæ иу æрдузы хизгæ баййæфта. Сослан
уым нæ уыд æмæ Сырдон ахъуыды кодта, æвæццæгæн, йæхи
найынмæ ныххызт донмæ. Хорз уаид йæ фенын, фæлæ мæ куы
базоиа, уæд йæ зæрдæ фехсайдзæн, цы мæ фæдыл зилы, æмæ уæд
ног хинтыл ныллæудзæн, фæсайын æй хъæуы... Сырдон лæппуйы
хуызы бацыд æмæ донбылмæ ныйивгъуыдта заргæ:
Уæй, дзæбидыры сæныкк, дам, лæгæты уасы,
Хизынмæ нал уæнды!..
Уæй, Сайнæг-æлдар мыи мæлæты тасæй
Мизынмæ нал унды!..
Уæй, йсе рæсугъд ус мын арвмæ дзыназы,—
Чи ма мæ дардзæн!..
Уæй, мæ лæджы цард, дам, мæрдун тæразыл, —
Сослан æй мардзæн!..
Уæй, æхсæр уисæй мын уæрдæхæй бæттæн,
Æвдæлон къæлæт!..
Уæй, йæ бæр исæй мын йæ зæххыл цæттæ
Æвæлмон тæлæт!..
308
Сослан зарæджы хъæр куы фехъуыста, уæд йæ хъустæ фæ-
хъил кодта: чи уа, йæ размæ ахизын хъæуы, цы йæ хъæуа ам, кæд
мæн агурæг у, уæд та?.. Йæ дарæс акодта æмæ лæппуйы раз тыз-
мæгæй балæууыд:
— Цы бæгъ-бæгъ кæныс, цы агурыс ам? Науæд цæй Сайнæ-
джы кой кæныс?
— Фæлæуу-ма, цы стæвд дæ, цы хылкъахæн кæныс? Æз дæ
куы нæ зонын, куы ницыгæнæг дын дæн? — адзырдта «лæппу»
æмæ йæ лæдзæджы ’нцой уырдыг ныллæууыд.
— Бирæ ма дзур, фæлæ Сайнæджы кой та цæмæн кæныс, йæ
фос дæ хуызæн дзæгъæлдзыхтæн хæлæттаг фесты æви?!
— Куыд кæсын, афтæмæй ды æппын ницыма зоныс. Сайнæг
Хæмыцы амардта, æмбарыс? Ныр ын Сослан та йæхи мардзæн,
уый дæр æмбарыс?.. Æмæ уæдæ уый ныртæккæ йæ фосмæ кæй не
’вдæлы, уый дæр хъуамæ бамбарай. Уæдæ йæ ныр де стыр сæрæй
куыд нæ нымайыс: Сайнæджы фосы мæт нал ис, йæ сæр йæ кой у
æмæ мæ хуызæн цырд лæппуйæн йæ фос æвæлмон тæлæт не сты,
уæдæ цы, и?! Æрхымпырттай йæ?
Сослан ахъуыды кодта: ай рæстытæ куы дзуры, уæд æй æз
нырмæ куыд не ’рхъуыды кодтон?.. Сайнæджы фосæй уал тæккæ
сом нæртон хисты фаг ратæлæт хъæудзæн, фæлæ сæм ацы стонг
гуыбынтæ куы фæхæлæф кæной, уæд ма дзы мæнæн цы аззай-
дзæн?.. Фæтæрсын кæнон ацы лæппуйы, æндæра мæнæ уый фо-
сæй афтид абаддзæн...
— Лæппу, цы уый зоныс? Сайнæджы фос ныр Æхсæртæггаты
сты, тугмæ сын æндæр цы ратта уæдæ, æмæ сæм æвналæн нæй.
Сослан кæй хоныс, уый йæ цæттæ фæллой уаргæ нæ кæны... Сай-
нæджы маргæ кæна æви физонæг, фидаугæ кæна æви лæбургæ,
уæддæр фос уый сты æмæ сæм æвналæн никæмæн ис, науæд Сос-
лан баронтæй кæй нæу, уый фехъуыстаис, æз та йæ дыккаг хæ-
дзар дæн æмæ йын тæккæ изæр фехъусын кæндзынæн дæ зарæ-
джы хабар...
Лæппу фæхъуыдыйыл, стæй æрæджиау æнæразыйæ афтæ ба-
кодта:
— Зæгъ Сосланæн, æз сæм нæ фæцагайдзынæн, фæлæ сæ йæ-
хæдæг рæхджы куы нæ ’рбæстон кæна, уæд сæм хъавджытæ бирæ
ис æмæ сæм афтæ нæ фæкæсдзысты...
Лæппу араст йæ^фæндагыл æмæ ма йæм Сослан адзырдта:
— Уый сын а дыууæ боны исты кæндзæн, фæлæ алчи йæ къух-
тæ йæхимæ дарæд. Уый та ды зæгъ де ’мхуызæттæн!..
— Уый дын мæ быгъдуан! — рахъæр æм кодта лæппу.
Ныр кæд Сайнæг Батрадзы баххуырса, уæд дæм æцæг митæ
309
уыдзæн, мæ лымæн лæг. Уый дын дæ фæрсчытæ бæстон банымай-
дзæн, багъæц!.. — йæхинымæр ранымадта йæ фæндиæгтæ Сырдон
æмæ хъæды баивгъуыдта.
8
Бирæ фæцыд Сырдон Арпаданы былтыл. Фæнд кодта, изæр-
мæ мæ найæн бынатмæ схæццæ уыдзынæн æмæ стæй æввахсмæ
мæ халагъудмæ бацæудзынæн, ныр уæддæр ницыуал мæ бон у
саразын, цалынмæ Батрадз Сайнæгæй йæ бон базона æмæ фæстæ-
мæ йæ фыды уæзæгмæ ссæуа, уæдмæ. Фæлæ йыл æрцыди æнæн-
хъæлæджы æхсызгон хабар. Изæрырдæм иу ран лæгуын обауы
рæбын бадгæ баййæфта цалхау æмдымбыл, тулгæ дауæг Барсæ-
джы. Уый уыди цыбыркъах æмæ цыбыркъух дауæг. Цæугæ нæ
кодта, фæлæ тулæгау — къухтæ, къæхтæ, къухтæ, къæхтæ. Йæ
алы къух æмæ йæ алы къахыл та уыди конд сæрдасæнау цыргъ
кæрдтæ. Дурыл баныдзæвдысты, уæддæр-иу æй ахауын кодтой
æрдæгыл. Тæссаг лæг уыди Барсæг æмæ дзы алчидæр йæхи хыз-
та, зæдтæ-дауджытæй дæр æм ничи уæндыд æргом хæстмæ рацæ-
уын — иу цæфæн цыппар цæфы кодта...
Ныр Барсæг бадти обауы рæбын æмæ хъæрæй куыдта. Сыр-
дон æм хæстæг куы бацыд, уæд федта — йæ иу къах, йæ цæвæн-
гарз, уыди цирхъæй лыг æмæ йæ туг сындæггай лæдæрсти... «Цы
йыл æрцыд ацы тызмæг лæгыл, дæ хорзæхæй?» — ахъуыды кодта
Сырдон æмæ йæм бадзырдта:
— Цы фыдбылыз дыл сæмбæлд, Уызына, æви кæлгæ фæкод-
тай? Уæндгæ дæм ничи бакодтаид, уый мæ нæ уырны, — йæхи
смæтгæнæг кодта Сырдон.
— Цы фыддæр фод де ’рвад Сосланы сæр!.. Абон мын сихора-
фон мæ чызджы Арпаданы былгæрон æрцахста æмæ дзы фæхын-
джылæг кодта... Цы кодтаид æвзонг сылыстæг?.. Загъта йын,
фæхынджылæг мæ кодтай æмæ æз мæ фыды хæдзармæ фæцæуи-
наг нал дæн, фæкæн мæ дæ фыды уæзæгмæ... Уый йыл ноджы
фæхудти: Æз, дам, дæ хуызæн хъамылы дзæргъытæ бирæ фед-
тон!. Дæу, дам, нæ уæзæгмæ куы акæнин, уæд, дам, мыл нæртон
адæм къуыппæн зарæг скæниккой, дзыхъхъæн фидис æрымысик-
кой!.. Ралæбурдтон мæ мæстæй æмæ йыл мæхи бæргæ ныздых-
тон, фæлæ мын йæ къæхтæ алыг кæнын нæ баитыст... Цыдæр
æндоны мыггагæй конд у æмæ мæ кæрдтæ цы ныкъкъуымых сты,
æндæр дзы схъис нæ фæкайдтой... Йæ цирхъæй мæм баххæст æмæ
мын мæ къах ахауын кодта... Тыхæй-фыдæй ма раирвæзтæн... Цы
ма у ныр мæ цард? Мæ чызг худинаджы бын фæци, мæхи мын
310
хъуымызбыл сабийы над скодта... Куыд ма цæрои æз а-дуне-
йыл?.. — Нырдиаг та кодта Барсæг æмæ йæм Сырдон ницыуал
сдзырдта. Уадз æмæ уал акæуа, йæ маст куы фæлæууа, уæд та йæ
æрсабыр кæндзынæн... Æниу цæй сабыр, ай мын мастисæн фæн-
даг куы радта нæ зылынкъах йæхæдæг, уæд цæй сабыр æмæ цæй
цыдæр!.. Фæлæуу-ма, куыдзы дæндаг, æз дын де ’ннæ цæст дæр
скъахын кæнон!.. Ныр мын нал аирвæздзынæ, агуырдтай йæ æмæ
йæ, æнхъæл дæн, ссардтай!..
— Æй, Уызына, æз дæ зондджындæр куы ’нхъæлдтон æмæ ды
бынтон æдылы куы дæ!.. Æниу куыд нæ уай, — æдзух дæ сæрыл
зилыс æмæ дын фырзылдæй слæхъуг ис... Афтæ дын хъæуы...
Фæлæ мæнау зæронд æмæ æфхæрд кæм дæ, уым дын иу зонд
бацамондзынæн æмæ дæ маст дæр райсдзынæ, дæ худинагæй дæр
фервæздзынæ...
— Цы, дæ хорзæхæй, зонды къуыбар! — фæхъыгис Барсæг,
фæлæ йæм уæддæр цымыдис фæкастысты Сырдоны ныхæстæ æмæ
йæм йæхи бакъул кодта, ома дæ Хуыцау куы зæгъид æмæ мын
æцæг исты куы бацамонис...
— Цы?.. Уый афтæ æнцон зæгъæн нæу, исты мын кæд ныббæт-
дзынæ, уæд зонд мæнæй, æхсар — дæуæй. Уый нæй, уæд ку æмæ
чиппой цыд кæн а-дунейыл.
— Ма мæ хæнджылæг кæн, цы дын ныббæттон, иунæг чызг
мын уыди æмæ уый дæр фæхудинаг...
— Уæгъды маст кæныс, де ’фхæрæджы куы акъуырай, уæд та
дæ ном йæ бынаты абаддзæн!..
— Йæ рахæцæн дæр уый у, куыд æй акъуырон?..
— Куыд куы зæгъай, уæд хъав уæрджыты фæкъæдзгæнæнтæм.
Æрмæст уырдæм! Уым нæй æндоны цъар, фæлмæн буар у, æмæ
йæ дæ кæрдтæ адзæнгæл кæндзысты... Хъав уырдæм, алыг кæн
къæхтæ æмæ стæй уæд йæхæдæг ныххæдмæл уыдзæни... Хуымæ-
тæджы хабар, фæлæ дæуæн иуæй дæ сæр нæ кусы, иннæмæй та
ды дæр, мæнау, тæрхъусы мыггаг дæ æмæ дæ иу цæф кæм фæкод-
та, уым æм дыккаг хатт нал бауæнддзынæ...
— Æз нал бауæнддзынæн?! — йæ къухтыл алæууыд Барсæг
æмæ йæ дзæбæх къахæй бартхъирæн кодта: — Уæд Мæрдтыбæсты
куыдзы бæлæгъæй хъæстæл фæнуазон, æз уымæй мæ маст куы нæ
райсон!.. Æз цæуон æмæ уал мæ цæф бадзæбæх кæнон. Тæккæ рай-
соммæ ме ’мгъуыд!.. Райсом рараст уыдзынæн мæ фæстаджы хæст-
мæ æмæ нæ иу йæ хæдзарыл удæгасæй хъуамæ мауал сæмбæла!..
— Гъе, уый лæджы ныхас, ды та, уызынау, батымбыл дæ обауы
рæбын æмæ, æвзæр усау, тъизыныл схæцыдтæ, — басхъаудта йын
ноджы йæ зæрдæйы маст Сырдон æмæ йæм цъынддзæстæй ба-
311
каст, ома исты бакæндзынæ æви дæ тæвдæй æртхъирæнтæ кæныс.
Барсæг æцæг мæсты уыд, тулынмæ фæци æмæ йæ Сырдоны цæст
уынгæ дæр нал акодта.
Цæй, кæд исты бакæнид, æмæ нæртон уæзæг фервæзид йæ
фыдбылызтæй иуæй... Рæхджы куы ’рцæуид уыцы хабар, уæд
стæй Сатана дæр æнцондæрдзырд уаид, чи зоны Батрадзы дæр
фыдбылызыл нал ардауид, — ахъуыды кодта Сырдон æмæ уый
дæр араст йæ хæдзармæ, йæ фæллад æмæ йыл йе ’ххормаг дæр
æртæфстысты. Ницы уыд йæ хæдзары хæринагæй, фæлæ йæхи
тæрхæгыл уæддæр æруадздзæн, стæй та хъуыддаг йæхи йæхæдæг
амондзæн.
9
Сослан талынджы æрцыд хæдзармæ æмæ йæ бæхты куы баф-
снайдта, уæд йæ мадæн, стонгæй мæ уд схауы, загъта, æмæ йæхæ-
дæг фынг æвæрынмæ фæци. Сатана фынгыл хæринæгтæ авæрдта,
стæй уый дæр йæ лæппуйы цур æрбадт. Сослан куы фæхъуырт-
хъом, уæд æй сабыргай фæрсын райдыдта: кæм уыдтæ, де ’мбал
цы фæци, цы фæндтæ уæм ис дарддæр?..
— Сайнæджы галуан куы суыдтам, уæд мæ Батрадз йемæ нал
ауагьта: дæу, дам, базондзысты æмæ мæ къухы нал бафтдзæн уыцы
хæрæг... — хæргæ-хæрын нымадта Сослан. — Раст загъта æмæ æз
дæр сразы дæн... Раластон мæ бæхты, Арпаданы былтыл азылд-
тæн, фæлæ дзы ницы ссардтон... Иу ран Барсæджы чызджы йæхи
найгæ баййæфтон мадардæй æмæ чысыл йемæ ахъазыдтæн... —
нал фæлæууыди Сосланы æппæлой зæрдæ æмæ ракодта йе сгуых-
ты кой. — Диссаг сты ацы сылтæ!.. Ракур, дам, мæ, дæ фыды
уæзæгмæ, дам, мæ акæн!.. Æз, дам, худинагæй никуыдæмуал
фæцæуинаг дæн!.. Зæгъын, уæд мыл Нарты фæсивæд зарджытæ
куы рауадздзысты, куыд дæ хъуамæ акæнон!.. Кæугæ афардæг
æмæ мæ йæ фыдыл сардыдта... /Ез дзы ницы ’нхъæл уыдтæн,
фæлæ дын иуахæмы кæсын æмæ Барсæджы цалх ратулы... Йæхи
мыл æрбауагъта, фæлæ мæ цы хъуамæ атыдтаид. Басырдтон æй,
фæлæ иу цæфæй уæлдай мæ къухы нæ бафтыди... Йæ иу базыг
ын æркарстон æмæ тугкалгæ адымдта... Аирвæзт мын йæ къæхты
фæрцы, уыцы уызын!..
Сатанайы зæрдæмæ нæ фæцыд Сосланы радзырд. Йæ цæсгом
тар афæлдæхт, йе ’рфгуытæ кæрæдзиуыл банцадысты сæ къуып-
ныхт^æй æмæ æрæджиау бауайдзæф кодта:
— Хорз нæ бакодтай, хъæбул... Дауджыты чызджытæй хын-
джылæг не ’мбæлы. Уыдонимæ хæцгæйæ нæу... Тыхджын сты,
312
бирæ, Хуыцауы адæм, æмæ сын се ’фхæрд никæмæн ныббардзæн...
Иуы дзы бафхæрдтай, уæд се ’ппæт де знæгтæ фестдзысты æмæ
дæ сæ маст дывæрæй сисдзысты... Нæ, мæ лæппу, уый стыр фы-
дуаг ми бакодтай... Æмæ фидыд, æндæр хос ницы ис. Куыддæр
мæнæ нæ зианы хъуыддагæй фервæзæм, афтæ Барсæгмæ фида-
уæг арвитын бахъæудзæн... Æндæр гæнæн нал ис... Фидыд, мæ
лæппу. Иугæр дæхæдæн басмыстай ахæм тыхджын адæмы сылы-
стæгмæ, уæд — фидыд, науæд фыдбылызы хай бауыдзыстæм...
— Ныууадз, йæ койы аккаг дæр нæу Барсæджы уызын, — йæ
ныхас ын нæ райста Сослан, — фæлæ ма мæнмæ иу фæнд æрцыд
æмæ дæм куыд кæсы, байхъус-ма, — чысыл фæлæууыд Сослан,
ома цæттæ у мад хъусынмæ, уый базонынæн, стæй та райдыдта. —
Сайнæг рухсаг уæд, уый нал ис, фæлæ йæ бирæ фæллæйттæ ныр
махмæ хауынц, æмæ ма цалынмæ удæгас у, уæдмæ йыл æз дæр
мæ тых куы авзарин, уæд куыд уаид?.. Иуæй мастисæн хабарыл
нымад æрцæуид, иннæмæй Хæмыцæн нæртон хист ныккæниккам
Сайнæджы фосæй æмæ ма дзы уæлдай дæр аззаид. Ноджы ма уый
дæр нымайын, æмæ сæм исчи куы фæраздæр уа: ныр алчидæр
зоны, Сайнæг махæй æддæмæ кæсын кæй нал уæнды æмæ йыл сæ
тых æвзардзысты, тона дзы кæндзысты æмæ фæллой та мах у...
Абон иу хъуымызбыл лæппуйы заргæ федтон: Сайнæджы фос,
дам, мын ныр — æвæлмон тæлæт!.. Мæнмæ гæсгæ фæтагъд хъæуы
хъуыддагыл, науæд афтид армæй аззайдзыстæм, — йæ бур рихитæ
адаудта Сослан æмæ йæ къухтæ кæрæзийыл ацагъта, ома хæрд
фæдæн.
— Уый раст æрхъуыды кодтай, мæ хъæбул, фæлæ сом мард
бавæрдзысты æмæ стæй уый фæстæ, къуырийы хист ын куы кæ-
нæм, уæдмæ... Дыууæ боны банхъæлмæ кæс, стæй кæн дæ хъуыд-
даг... Фæлæ ма нын ноджыдæр ис кæнинаг хъуыддæгтæ, — тыз-
мæг æмæ катайхуызæй сдзырдта Сатана.
— Цы ма дзы баззад, нæ мад, зæгъ, æппæт дæр бакæндзыстæм
нæ дыууæ, хорз æмæ тыхджын лæппу у Хæмыцы фырт, мæ ныма-
дæй, — йæхи баууындзыдта ног тыхы хъуыддæгтæм Сослан.
— Хæмыцæн, мæ хъæбул, канд Сайнæг нæу йæ марæг... Йæ
ардауæг Бурæфæрныг кæй уыдаид, уый æнæмæнг у. Уый йæм йæ
усы тыххæй рагæй хаста маст, балцы дæр сæ хылы сæр уый уыди...
Сайнæг та Фæрныгæн йæ хæрæфырт у... Йæ дыккаг знаг та —
Сырдон... Уый дæр дзы мацы аххосджын уа, уый мæ нæ уырны...
Æвыдæй баззайой, уый гæнæн нæй... Бурæфæрныджы Хæмыцæн
ныффæлдисын хъæуы, йæхи йын Сырдон куыд ныффæлдыста,
афтæ!.. Уый æнæмæнг бакæнинаг у, Батрадз куыддæр æрцæуа,
афтæ... А Сырдон не ’фсымæр у уæддæр, æргом марæн ын нæй,
313
фæлæ йæ бафснайын хъæуы искуы, фæсвæд ран. Йæ хинтæн кæ-
рон никуы уыдзæн... Цалынмæ а зæххыл уа, уæдмæ нын уымæй
фыдуагдæр æмæ æнæсæттондæр знаг нæй... Дæрддаг знагимæ
æнцон архайæн у... Уый та, калм дæ роны куыд дарай, уыйау у.
Кæд дыл фæхæцдзæн, цы бæрæг и. Фервæзын дзы хъæуы... Куыд,
уый та уæхæдæг æрымысут... Ныр уал уый фæуадзут, фæлæ Бо-
рæтæ Хæмыцы марды хъуыддаджы сыгъдæг кæм не сты, уым се
’ппæт дæр æфхæрд хъуамæ æрцæуой... Уадз, æмæ сæ сылгоймæг-
тæ чысылæй зæронды онг мадардæй фæцæуæнт Арпаданы былмæ
æмæ уырдыгæй змис фæхæссæнт — Хæмыцы ингæныл обау ца-
лынмæ скæной, уæдмæ!.. Хæмыц гом сылты бирæ уарзта, уадз
æмæ йæ алыварс зилæнт, мæрдтæй сæ куыд уына æмæ йæ зæрдæ
куыд рухс кæна!.. Уый та мæ фæнд, лæппу, хъусыс!..
Нæ фæцыд Сосланы зæрдæмæ мады фæнд: фыдбылызы фæнд
у!.. Ахæм худинаг кæм æрхæсдзысты сæ сæрмæ æнæхъæн мыггаг?..
— Нæ мад, уый хорз нæ рауайдзæн... Фæлтау Сайнæджы сы-
лыстæджы бафтауæм уыцы хъуыддагыл... — фергом Сослан, зын
ын уыд йæ мады ныхмæ дзурын, фæлæ ныр стыр фыдбылызы
кæй тъыссы йæ сæр, уый хатыд æмæ суæндыд. — Фæрныг æнцон
акъуырæн у, уый бакæндзынæн, фæлæ сылты тыххæй Борæтæ
хæстыл ныллæудзысты æмæ сын цы хъуамæ кæнон иунæгæй?..
Æхсæртæггатæ ахæм хъуыддаджы мæ фарс нæ рахæцдзысты, мæ
ныхмæ кæд фæуой, æндæр.
— Иунæгæй та цæмæн зæгъыс, мæ лæппу?.. Ам дæу æппын-
дæр ницы ’фсарм и, хъуыддаггæнæг Батрадз у... Фæрныг дæр
æмæ сæ сылтæ дæр хъуамæ уый номæй æрцæуой æфхæрд, ды йын
æрмæст æххуысгæнæг дæ, бамбæрстай?.. Уый домы ахæм æф-
хæрд! Разы чи нæу, уый Батрадзимæ хæцæд!.. Æмбарыс?.. Сай-
нæг мард куы ’рцæуа, уæд уый сылыстæг дæр ахæм æфхæрд бай-
йафдзæн, фæлæ иннæтимæ ныр архайгæ у, цалынмæ Батрадзы
хъустыл не ’рцыд хъуыддаг... Чи зоны, уый дæр нæ ратта йæ сæр
ахæм æфхæрдмæ... Фæлæ йæ иугæр куы айхъуысын кæнæм фи-
диуæджы дзыхæй, уæд ма уый дæр фæстæ кæм фæлæудзæн?..
Бафхæрдзæн сæ, уый ныхмæ та сын лæугæ нæу, ныццæгъддзæн
сæ æмæ та афардæг уыдзæн йæ дауæнмæ... Æмбарыс?.. Ды иуварс
лæуу... Уый куы афардæг уа, уæддæр дæу азымы куыд ничи дара...
Афтæ, мæлæппу!..
Сослан ницыуал сдзырдта, фæлæ йæ Сатанайы цур лæууын
дæр нал фæндыд æмæ æддæмæ райста йæхи. Сатана йын бамбæрста
йæ( зæрдæйы уаг æмæ йæ ауагъта, нæ йæм асидт. Уадз æмæ цæуа,
сахуыр уа хабарыл, уæд æм афтæ æвирхъау нал кæсдзæн... Иу
цыд æм æрбакодтой мыггаджы хистæртæ лæгъстæмæ, фæлæ уый
314
цъус у!.. Ныр сыл уыцы хабар куы айхъуыса, уæд та мæм сæ
сылтæ цæудзысты, зонгуытыл быргæ!.. Уадз æмæ сæ тас уа, уæд
коммæгæсдæр уыдзысты!.. Уадз æмæ сæ бон базоной!.. Кæй ницы
сты мæ цуры сæ рæсугъд дæр æмæ сæ зонд дæр!..
10
Сырдон хистмæ нæ бацыд. Йæхи айста хъæдмæ. Æлыгобауы
цур фæбадт, фæкуыдта йæ сæфт бинонтыл æмæ æрмæст талынгты
æрыздæхт фæстæмæ йæ къæсмæ. Цырагъ ссыгъта æмæ йæ зæрдæ
барухс: артдзæсты фарсмæ фынгыл лæууыдис хæрд æмæ нозт.
Уый, æвæццæгæн, Алафарн батыхст мæ иунæг сæрыл, æндæр чи
уыдаид, науæд та Армимаз:; Фæрныгмæ ахæм хъуыды не ’рцыда-
ид, стæй йæ мæнмæ æвдæлгæ дæр нæ кæны, йæ сæр йæ кой у...
Æртдзых бакодта Сырдон, йæ хъæбултæ æмæ йе ’фсинæн «рух-
саг ут» загъта æмæ ныххуыссыд. Мæстджын, фæллад æмæ æгьуыс-
сæг уыд ацы бонты Сырдон æмæ уæззау фынæй баци. Чи зоны,
фæсаходæнтæм дæр нæ райхъал уыдаид, фæлæ йæ хъустыл ауад,
дыдзы фынæй ма уыд, афтæ кæртæй кæйдæр сидын. Райхъал
Сырдон æмæ айхъуыста.
— Ам дæ, цы, лæппу?! — дзырдта йæм Алафарны хъæлæс æмæ
Сырдон фестад.
— Мæнæ дæн, ныртæккæ, чысыл фæгæдзæ кæн! — радзырдта
хъæрæй æмæ йæ дарæс кæнынмæ фæци.
Кæрты раййæфта Алафарн æмæ Армимазы. Цæуылдæр тынг
тыхстæй ныхас кодтой сæхимидæг æмæ Сырдон базыдта, цыдæр
фыдбылыз та æрцыд...
— Уæ райсомтæ хорз уа, фæлæ уæ цы ’рбахаста ацы раджы,
æдзух уæ ахстæтты бадæг куы стут, къуырттон каркау, уæд цы
’рбарæдыдыстут? — фæрсы Сырдон хъазгæмхасæн, фæлæ уыдон
хъазыныл нæ уыдысты æмæ Алафарн райдыдта тынг тыхстæй:
— Лæппу, райсом бæргæ хорз у, фæлæ хъуыддаг — æвзæрæй-
æвзæрдæр...
Сырдон ницы сдзырдта, нæма зыдта хъуыддаджы сæр æмæ
дывæнд кодта: Сайнæджы амардтаид Батрадз æмæ уым диссагæй
ницы ис, кæй ацыд, уый зыдтой, цы ма фæдис кæнынц?..
— Сæумæцъæхæй уæ зылынкъах балæбурдта Фæрныгмæ...
Кæрæдзи ныммур кодтой, фæлæ йыл уæддæр фæтых æмæ йæ
бæстытæй йæ чысыл лæппуимæ се скъæты бакодта... Фæлдисгæ,
дам, сæ хъуамæ ныккæнæм Хæмыцæн!.. Афтæ, дам, у Батрадзы
фæнд!.. Йæ уæлвæд фидиуæг фæзылд Астæуккаг сыхыл æмæ
фехъусын кодта: Борæтæ сыгъдæг не сты Хæмыцы мæлæты æмæ
315
сæ устытæ чысылæй-стырæй хъуамæ сом райдайой гомгæрццæй
змис хæссын Хæмыцы ингæнмæ — обау ыл хъуамæ скæной!.. Афтæ,
дам, у Батрадзы бархъомыс!.. Уый та дын дæ хорз райсомы ха-
бæрттæ...
— Æндæр хуыздæр куы ницы фехъусид не знаг дæр!.. — ныу-
улæфыд Армимаз.
Сырдон бамбæрста: райдыдта сæ фыдбылызы рад, фæлæ Ала-
фарнитау не стыхст. Батрадз ам нæй, уыдон иууылдæр Сатана
æмæ Сосланы митæ сты æмæ уыдонимæ йæхæдæг сархайдзæн.
Æрмæст Батрадзы фæнд куы базонид, хорз лæппу йæм фæкаст
æмæ ахæм æвирхъау митæм арæзт уа, уый йæ нæ уырныдта. Бат-
радзы фенын хъæуы, уыимæ дзургæ у, æндæр дзы ницыуал ис,
фæлæ йæ кæм ссардæуа?.. Цы баци, уымæн дæр цы бæрæг и?
Фыййау ныллæууыд æви æнæуый исты йæ къухы бафтыд, Хуы-
цау йæ зонæг?.. Кæм æй ссардæуа, рæхджы куы зынид, уæд лæг
исты кæнид, науæд ныр хæстыл ныллæуу, уæд стæй хъуыддæгтæ
нæхи ’фсон фæуыдзысты...
— Куыд старстыстут, афтæ цыма нæу хъуыддаг, — фæхсбандо-
ныл æрбадт Сырдон æмæ уазджыты дæр æрбадын кодта. — Уыдон
Батрадзы номæй сæхи фæндиæгтæ кæнынц мæ зондджын хо æмæ
йæ къæбыла, фæлæ фендзыстæм, нырма уал лæппу йæхæдæг
фæзына, стæй бафидаудзыстæм...
— Кæд ма? Сом зылынкъах тыхæй куы бырса нæ хæдзæрттæм,
уæд мах та Батрадзы агурдзыстæм? — тызмæгæй бафарста Ала-
фарн.
— Лæбурынмæ йæ ныфс нæ бахæсдзæн. Кæд æцæг бырса, уæд
æй мæхи къухæй бавæрдзынæн, æндæр хос ын нал уыдзæн, фæлæ
уый бырсынмæ йæ ныфс нæ бахæсдзæн, афтæ æдылы нæу æмæ
æнæхъæн мыггаджы ныхмæ рацæуа... Нæ фæсивæд йæ коммæ
бакæсой ахæм хъуыддаджы, уый та мæ уырнгæ нæ кæны... Кæд
сымах уырны, уæд мæнæ Армимаз тæккæ абон ныхасмæ æрхæс-
сæд хъуыддаг æмæ Æхсæртæггаты хистæрты бафæрсæд: æрви-
тынц сæ фæсивæды Борæты цæгъдынмæ, мыййаг?.. Цы ма сæ
æфсæрмы кæныс, бафæрс де ’фсымæрты... Æз Борæты фарс кæй
лæудзынæн сæ уынгæджы сахат, уый уын æргом зæгъын... Иу
тыхгæнæгæй дæр мæ карды ком кæй нæ раздахдзынæн, уый дæр
уын зæгъын. Тыхæй мæм чи бырса, уый æз мыггагæй нал фæрс-
дзынæн. Дæ хорзæхæй, бафæрс сæ, Армимаз. Æз сæм куы бацæ-
уон, уæд мын хылмæ цæуы, рагæй сæ рахицæн дæн æмæ сæ хъуыд-
даджы нал балæудзынæн. Зæгъ сын, кæд сæ хæцын фæнды, уæд
рацæуæнт, фæлæ-иу стæй хъаст ма ракæнæнт!.. Фыдбылызы йæхи
чи нæ тъыссы, уый та æргом зæгъæд йæ фæндон, цæмæй зонæм,
316
знаг нын чи у, маринаг знаг. Афтæ сын зæгъ комкоммæ Борæты
номæй. Мæхи кæй скодтон дзуапдæттæг, уый мын ныггæдзæ кæн,
Алафарн, фæлæ ды дæр куы нæ уай мæ фарсмæ, уæддæр æз иунæ-
гæй æрлæудзынæн сæ размæ. Мæ удæгасæй ахæм худинаг не ’рцæу-
дзæн нæ уæзæгыл... Ныр та, Алафарн, фæсивæды хуыздæртæм
басид хæдзармæ æмæ сын рахабар кæн, сæхи æрцæттæ кæнæнт,
худинаг йæ сæрмæ чи нæ хæссы, уыдон. Æз ма Уырызмæджы
фенон, уыимæ ма мæ ис ныхасаг нæ мыггагæй... Уый зонд дзы
кæй нæ уыдзæн, уый мæ фондз къухау зонын, нæ фарс кæй уы-
дзæн, уый дæр... Фæрныджы уал уадзут скъæты. Æз æй ныртæк-
кæ дæр ракæнин тыхæй, фæлæ уал Батрадзмæ у мæ каст. Йæ
номæй цытæ кæнынц, уый йæхи цæстæй куы фена, уæд хуыздæр
уыдзæн... Ныр та мидæмæ рацæуиккат... Тас мæлæтæн хос нæу,
ахæм уавæры нæма стæм æмæ Сатанамæ нæ зонгуытыл цæуæм...
Хистæрты йæм кæй барвыстат, уый дæр дзæгъæлы ми уыди...
Нæ бакуымдтой мидæмæ уазджытæ æмæ апырх сты фæйнæр-
дæм.
11
Хисты дыккаг бои уыди æмæ Æхсæртæггаты хистæртæ Уырыз-
мæгтæм бадтысты. Армимаз сæм уырдæм фæзынд æмæ сæ ком-
коммæ бафарста: ай цы æрымысыдыстут, зæгъгæ, адæмæн кæрæ-
дзи цæмæн цæгьдын кæнут?! Хистæртæ схылы-мылы сты, уай-
дзæфы бын фæкодтой Уырызмæджы. Уый хабарæн ницы зыдта
æмæ цы кодтаид? Уый тыххæй йæм ноджы тынгдæр рамæсты сты:
кæд дæ хæдзары æгъдау æрæвæрын дæ бон нæу, уæд ма æнæхъæн
мыггагæн та цы фæтк сараздзынæ?.. Дæ бинонтæй ахæм митæ
исчи куы кæна, мыггаджы туджы зæйы бынмæ куы тæра, ды та
йæ зонгæ дæр куы нæ кæнай, уæд уый циу?.. Хорз хистæры ны-
сан у?.. Зæгъ дæ бинонтæн æмæ нæ ныууадзæнт цæрын!.. Ныр
кæд Хæмыцы фырт дæр æхсары лæг у, уæд æй махыл ма ’взарæд,
мах нырмæ дæр уый ныфсæй нæ цардыстæм æмæ фæцæуæд йæ
бынатмæ!.. Мах ам цæрын хъæуы æмæ кæрæдзи марæг не стæм!..
Тыфылтæ калгæ рацыдысты фынгæй хистæртæ иууылдæр. Ни-
чиуал ныллæууыд Уырызмæджы ныхасæй дæр, сæ фарсæй фæци
сæ хæрд, сæ нозт æмæ Армимазы зæрдæ æрсабыр. Бауырныдта йæ
— лæбурд нæ уыдзæн мыггæгты ’хсæн! Кæд Сослан йæхи зондæй
бырса, уæд уымæн та фысым фæуыдзысты кæстæртæ...
Уырызмæг цæхæртæ калгæ фестад фынгæй æмæ фæцагуырдта
Сатанайы, Сосланы, фæлæ йæ къухы нæ бафтыдысты. Сатана
аивæй хъуыста Армимазы ныхæстæм æмæ нозтджын адæм куы
317
схор-хор кодтой, уæд йæхи айста. Сослан та Фæрныгимæ хылы
фæстæ дыууæ лæппуйы йемæ акодта, хисты уæлдæйттæ айстой сæ
рифтæгты æмæ хъæдмæ ацыдысты минас кæнынмæ: Хæмыцы хист
ын минасы фынг уыд, фæлæ йæ алкæй раз не ’вдыста.
Сырдон аивæй йæ цæст дардта хистæрты бадтмæ, — кæд раст-
дзысты, кæд фæхæст уыдзæн Уырызмæгыл иунæгæй. Фæлæ æрæг-
мæ куы хæлди сæ бадт, уæд йæхи ныйиста Алафарны хъуырау-
донмæ. Уый æнкъардæй архайдта сыджытимæ. Ницы дзырдта,
цыма Сырдон дæр сæ мыггаджы раз исты азымджын уыди. Сыр-
дон дæр нынкъард уый уындæй, йæхи уый дæр сыджытнмæ ар-
хайæг скодта. Æнхъæлмæ каст, цы хабар æрхæсдзæн Армимаз
хистæртæй. Æмæ Армимаз куы бацыд хъуыраугæнæнмæ, уæд æм
байхъуыста, стæй сыбыртт не скодта, афтæмæй рараст Уырыз-
мæгтæм.
Бацыд комкоммæ хæдзармæ, дуар дæр нæ бахоста, афтæмæй, —
ам фарн нал ис æмæ ма сæм æз цы уайсадын!.. Уырызмæджы
хылгæнгæ баййæфта Сатанаимæ. Сырдоны фенгæйæ Уырызмæг
ноджы скарз æмæ Сырдон æнæдзургæйæ æрбадти къонайы фарс-
мæ. Сатана бамбæрста, Сырдоны æрбацыд хорзæн кæй нæу æмæ
йыл йæхи андæгъта, цыма Уырызмæджы маст дæр уымæй исинаг
уыди, уыйау. Йæ зæрды та уыди хыл æндæрырдæм аздахын,
Уырызмæджы фидистæ æмæ уайдзæфтæй фервæзын.
— Цы ма дæ бахъуыд, цæмæ та ’рбабырыдтæ? Хист фæци æмæ
никæйуал хонæм!.. Кæд дын бахæринаг ницы ис, уæд æндæр ран
агур, ам ды мæ армæйдзагæй нæ фæхъæстæ уыдзынæ!..
— Рæдийыс, мæ хо, — сабыргай бакодта Сырдон æмæ арт æр-
тысгæнæй басхъаудта. Йæ зæрдæ фæцъæх хыл æмæ загъдæй,
Уырызмæджы богътæй, Сатанайы цъæхахстæй æмæ йæ фæндыд,
куы ’рсабыр уаиккой æмæ сæ фыдбылызыл зæрдиагæй куы ныхъ-
хъуыды кæниккой, æцæг сæм цы кæсы, уый куы бамбариккой. —
Рæдийыс, æз дæ армыдзаг куы сисин мæ дзыхмæ, уæд мын залиаг
калмы маргæй фыддæр фæуаид, фæлæ дæ къæбæртæ хæрынмæ
не ’рбацыдтæн... Цы фыдбылызы нæ ныссагътай, ууыл хуыздæр
куы ахъуыды кæнис, уый мæ фæнды... Æнæхъæн Нарты фыдбы-
лызы хъæлæсмæ ссоныс барвæндæй, кæрæдзи сын цæгъдын кæ-
ныс æмæ йæ куы бамбарис, уый у ме ’рбацыды сæр... Æдылы куы
нæ дæ, гормон фæуай, уæд цæмæн ардауыс кæрæдзийыл адæмы,
дæ хъæбултæм сæ цæмæн хæрам кæныс, æви дæ зонд фæцыд æмæ
рæдийын, зонд æнхъæл дæм кæй дæн, уымæй?..
— Ныууадзут мæ уæ дыууæ дæр! — йæ дзыхыдзаг фæцæлхъ
кодта Сатана, фæлæ Сырдон фæхатыд, уый æфсоны сонт хъæр
нæ уыд, æцæг тыхст зæрдæйы сидт уыдис æмæ фæхъуыдыйыл:
318
ныр кæд æрæмбарид... Чи зоны йæ æмбаргæ дæр бакодта, фæлæ
йæхи нал сæтты...
Се ’ппæт дæр фегуыппæг сты æмæ раст уыцы афон Сослан
расыгдзæфæй балæууыд къæсæрыл:
— Уе ’зæртæ хорз уа, нæртон адæм!.. Цыдæр хъæлæба уæ хъуыс-
ти æмæ афтæмæй та зæдты бадт куы кæнут?.. Ницы уын бамбар-
дзæн лæг æнæ исты аназгæйæ, фæлæ уæ разы куы ницы ис, уæд
уый цы бадт у?..
Дуары ком æнæхъæнæй бацахста Сосланы фæтæнуæхск сау
нымæт, йæ сырх цæсгом та æрттывтытæ кодта цырагъы дыдзы
рухсмæ, йæ иунæг цæст йæ сæмæныл зилæгау систа, афтæмæй
касти хистæртæм, йæ былтæ ныссуйтæ сты худгæ-худын.
— Фесæф дын зæгъын ардыгæй, хæрæг цыдæр! — ныррыхыд
Уырызмæг æмæ йæ æргъæусæр лæдзæгæй зæхх æртъæпп кодта.
— Æгæр куы нæ хъæр кæнис, мæ фыды зæронд, — йæ былтæ та
сæнцъылдтæ кодта Сослан. — Дæ мехъхъытæй чи фæтæрса, уый
мын кæд не ’нхъæлыс? — рамæсты Сослан, фæлæ ма расыгæй дæр
фæхатыд, æгæр хъæбæр дзыхæй дзуры йæ фыдмæ æмæ йæ ныхас
бараст кæнынмæ фездæхт. — Куыд кæсын, афтæмæй бынтон базæ-
ронд дæ, мæ фыд, ницæмæнуал бæззыс æмæ дæ, æвæццæгæн, дæлæ
Борæтæм хæрджыты фыййауæн радтын бахъæудзæн. Уым дæр ма
куы ницы сарæхсай, уæд дæ иу тæсчъы мвдæг Уазайы тигъæй хъуамæ
ратулон, науæд фæстагмæ бынтон сфидиссаг уыдзынæ!..
Уырызмæг фырмæстæй дзурын нал фæрæзта, мардау бандзыг
йæхимидæг. Сатана дæр джихæй касти къæсæрмæ, ахæм фыддзы-
хæй сдзурдзæн йæ лæппу Уырызмæгмæ, уый æнхъæл нæ уыд æмæ,
цы акодтаид, уый нал зыдта. Сырдоны зæрдæ мæстæй атыппыр,
исдуг рахъавыд, феста æмæ лæдзæг ныммур кæна ацы расыг хуы-
йыл, фæлæ та загъта, бинонты загъды мæхи цы тъыссон, сæхæдæг
фидаудзысты, рагæй дзырдтон ме ’фсымæрæн, фæлæ мæм никуы
байхъуыста, цы йын кæнон?..
— Цы байгомыг стут, æви мæ нæ фехъуыстат?.. Тæрсгæ ма
кæн, мæ фыды зæронд, æз дæ æххормагæй нæ амардзынæн, ныр-
тæккæ цæуын балцы æмæ дын сæумæцъæхæй дæ кæрты нæрдгу-
сæрттæгтæ æрбалæууын кæндзынæн!.. Хæрзæхсæв раут, райсом
уæм зындзынæн, ахсæв мæ ма агурут!.. — фæстæмæ фесхъæл Сос-
лан æмæ дуары дзых талынгæй аззад, расыг лæджы уæззау къах-
дзæфты хъæр ма ссыд кæртæй.
Æртæ дæр æгомыгæй бадтысты. Уыцы стыр æфхæрды фæстæ
сæ дзурын никæйуал фæндыд. Сырдон ма фæсмон дæр фæкодта
йе ’рбацыдыл, фæлæ цы ’фсонæй ацыдаид, уый нал ардта æмæ
уый дæр арты цæстмæ джихæй каст...
319
Уалынмæ дуары тæрваз чидæр бахоста йе ’нгуылдзы къæдзæй
æмæ Уырызмæг мæстыйæ сдзырдта:
— Мидæмæ, кæцы дæ?!
Æрбахызт Батраз фыййауы фæлыстæй, йæ галиу къухы цæй-
дæр хызын. Цыдæр мæрдонхуызæй æрлæууыд сæ разы æмæ æрæ-
джиау афтæ бакодта:
— Амардтон æй... Мæнæ йæ сæр... — систа хызынæй Сайнæ-
джы сæр йæ бецыккæй æмæ йæ æрæппæрста Сырдоны фарсмæ.
Сырдон æм фæкомкоммæ: цæстытæ — дзагъыр, цыбырæлвыд зачъе
тугæйдзаг, æвзаг æрдæджы онг æддæмæ рабырыд — цыма йæм чи
каст, уыдон мæстæй мардта... Фестад Сырдон, йæ зæрдæ нык-
кæрзыдта æмæ куы сæрмæ каст, куы Батрадзы цæсгоммæ... Ау,
æхсызгон ын у ахæм æвирхъау нывмæ кæсын?.. Батрадзы цæсго-
мыл уый федта æрмæст тыхсты æмæ катайы нысæнттæ æмæ уæд
йе ’муд æрцыд: лæппу, æвæццæгæн, лæгмæ фыццаг хатт райста
йæ къух æмæ йæ зæрдæ лæбыры ацы æвирхъаудзинадæй. Нæ,
уый Сослан нæу!..
Уырызмæг джихæй каст Сайнæджы дзагъырдзæст сæрмæ æмæ
йæхи цæстытæ сæ къуырфытæй рацæйхаудтой. Бирæ хæттыты
бадти Сайнæджы фынгыл, уыди йемæ балцыты дæр æмæ йæ зыд-
та: хъæбатыр лæг уыди Сайнæг, тыхæй дæр арæзт, æцæг, хинтæн
ницы зыдта, зæрдæйæ та — æууæндаг... Ныр мæнæ йæ сæр лæууы
йæ разы æмæ йæм хъоппæгдзæстæй кæсы!.. Тугкæлдтытæ бирæ
федта Уырызмæг, бирæ хæттыты калд йæхи уæнгты туг дæр, фæлæ
ныр йæ артдзæсты мард сæры цæстытæм куы ныккаст, уæд йæ
зæрдæ байдзаг мæлæты тасæй æмæ фыццаг хатт йæ уидæгтæм
ныррызт йæ фидар зæрдæ...
Тынг бакъуырдта Сайнæджы сæры хуыз Сатанайы зæрдæ дæр.
Йе ’взаг йæ комы ныххауд æмæ дзурын нал фæрæзта. Æрæджиау
уæддæр йæ удыл дæндагæй ныххæцыд æмæ афтæ бакодта:
— Хъæбул, уый хорз нæу... Дæ туг дзы кæй райстай, уымæй
нæ зæгъын, фæлæ ахæм лæджы æнæсæрæй барвит мæрдтæм, уый
хорз нæу, мæ лæппу... Хорз нæу... Æнæгъдау ми у... Хорз нæу...
Батрадз бамбæрста, сылгоймаг тынг кæй фæтарст æмæ йæ бон
йæ хъуыды рæстмæ зæгъын кæй нæу. Хаты уый Сырдон дæр,
фæлæ цы акæна?.. Сæ тыхстæй сæ фервæзын кодта Сатана йæхæ-
дæг. Уый йæ цæст ахаста къултыл æмæ иу рагъæныл ауыдта йæ
цыллæ кæрдæн. Сыстад уæззаугай æмæ цудтытæгæнгæ бацыд къу-
лы цурмæ. Райста кæрдæн æмæ йæ Сайнæджы сæрыл æрытыдта.
Ныр Сырдон базыдта, цы кæнын æй хъæуы. Атыхта кæрдæны
Сайнæджы сæр æмæ йæ фæстæмæ хызыны нывæрдта. Систа хы-
зын æмæ Батрадзмæ сындæггай бадзырдта:
320
— Цом мемæ...
Рацыдысты кæртмæ. Сайнæджы сæр цыдæр уæззау фæкасти
Сырдонмæ æмæ йæ сæры ферттывта æнæфсарм хъуыды: диссаг у,
ахæм уæззау сæры цæй рог зонд уыди... Асырдта Сырдон уыцы
хъуыды æмæ сдзырдта Батрадзмæ:
— Æфсымæр, ды мæн нæ зоныс, фæлæ æз дæ фыды ’фсымæр
дæн æмæ цом мæ иунæг къæсмæ, кæд баввæрсдзынæ, уæд... Уырыз-
мæг æмæ Сатанайы иунæгæй фæуадзæм, се ’муд æрцæуой... Ныр
цы кæнын хъæуы, уый дын æз зæгъдзынæн... Цом...
Батрадз уæлдай ницыуал сдзырдта, араст Сырдоны фæдыл.
Равдыста йын Сырдон йæ къæс, бацамыдта йын Хурафарны
ингæн. «Уый мæ хистæр лæппу уыд, Сослан æй бахста фæсфæ-
дæй æмæ йæ амардта... Авдаздзыд сабийы...»
Ницы сдзырдта Батрадз, фæндыд æй бафæрсын, цы йын кодта
уагæры æнахъом сывæллон, фæлæ йæ цæсгом нæ бахъæцыд, — йæ
зæрдæ йын цы къахон. Фæлæ мидæмæ куы бацыдысты, Сырдон
æртдзых куы бакодта, фынг рæвдз кæныныл куы сси, уæд æй
бафарста, æндæр сабитæ дын нал уыд, зæгъгæ.
— Бæргæ уыд, ме ’фсымæр, æртæ лæппуйы æмæ сæ мад, фæлæ
сæ дæ фыд фæцагъта... Мæнæ ам, хæдзары...
Сырдон йæ мастыл дæндагæй ныххæцыд æмæ æрхæцæрхæц-
гæнгæ фæдзырдта Батрадзæн йæ бинонты сæфты хабæрттæ, йæ
хылы сæр Хæмыцимæ.
Батрадз нынкъард, афтæмæй хъуыста. Фыццаг хатт йæ зæр-
дæмæ бырсын райдыдта зæххон царды мæт æмæ йын зынуромæн
уыд. Нæдæр æй уырнгæ кодта, лæг ахæм фыдмитæ бакæнын хъом
у, уый. Сырдон уый хатыд, фæлæ йæ зæрды нæ уыд ацы тых-
джын лæгæн тæригъæд кæнын. Йæ мидзæрдæйы хъуыды кодта:
ныр куы нæ бамбара нæ царды стыр уæз æмæ тæригъæдтæ, уæд
сахуыр уыдзæн æмæ йæм лæджы рамарын хъазæгау зындзæн.
Уыйадыл ын фæдзырдта Сатана æмæ Сосланы хин митæ дæр,
Батрадзы номæй кæй кодтой йе ’рбаздæхынмæ, уыдон.
Батрадз Сырдоны ныхасмæ бынтон ныхъхъуынтъыз. Бирæ
фæбадт, æгомыгау, æнæдзургæ, стæй æрæджиау сфæрæзта:
— Уый мæ бынтон куы ныххудинаг кодтат, ме ’фсымæртæ,
æмæ йын æз куы ницы зыдтон... Уаих фæуат, кæд мæм уый тых-
хæй нæ фæфæдис стут уæларвмæ, — ныр уайдзæфтæ кæнын рай-
дыдта Батрадз. — Æз мæ фыды уæзæгмæ сылтимæ хæцынмæ
æрцыдтæн æви?.. Науæд ме ’рвадæлты цæгъдынмæ?.. Мæ зæрды
уыд сымахæн исты ахъаз фæуын уæ тыхсты, æндæр тугмондаг
никуы уыдтæн... Нырма никуы никæй амардтон, сымах мын сæв-
дулын кодтат мæ къухтæ туджы... Æмæ уый фод, туджджын тудж-
21 Сырлопы цæссыггæ
321
джын у, раст куы уа дæ разы, уæддæр, фæлæ ма исчи йе ’фсы-
мæрты цæгьды?.. Цом, рауадзæм уыцы лæджы æмæ йæ лæппуйы —
фестад Батрадз, — худинаг у... Мæн тых æвзарын куы фæнда,
уæд ссардзынæн сымахæй тыхджындæрты... Æз зæдтæ æмæ дау-
джыты ’хсæн схъомыл дæн æмæ сæ мæ ехсы хъæд рагæй зоны.
Кæд мын æфхæринаг исчи у, уæд уыдон... Мæ сабийæ фæстæмæ
мыл зæххон дзиглойæ худынц... Сырддонцъиуы лæппын — цæр-
гæсты ахстоны!.. Никуы мæ ницы ахастой нæдæр тыхæй, нæдæр
зондæй, нæдæр уæздандзинадæй, фæлæ сын уæддæр фидисты
сæйраг сырддонцъиуы лæппын уыдтæн мæ чысылæй абонмæ!..
Цом, цæуæм, хатыр ракурон Борæты сылыстæгæй æмæ стæй
фæстæмæ цæуын — ам ма иу бон куы баззайон, уæд дæр ныххудинаг
уыдзынæн бынтон... Æз та ма мæхицæн ныфс æвæрдтон: фæцæу-
дзынæн ме ’фсымæртæм æмæ уыдонимæ цæрдзынæн... Уым кæд
ссарин рæстдзинад æмæ æфсымæры рæвдыд... Бынтон æдылы фæн-
диаг, фæлæ йæ цæмæй зыдтон... Нæй, цæрут уæхицæн... Сымах
рæстдзинадæй æз иу мæй дæр нæ бафæраздзынæн фæцæрын... Цом!..
— Чысыл фæлæуу, дæ хорзæхæй, ме ’фсымæр, кæд дæ хистæры
хатыр ис, уæд! — ныллæгъстæ кодта Сырдон. Уый Батрадзы æн-
дæр лæг æнхъæл уыди. Ныр рæстдзинады кой куы скодта, йæ хъы-
джы сæр куы радзырдта, уæд Сырдоны зæрдыл æрæфтыд йæ саби-
он хъыг — æрхæссæггаг!.. Уый дæр мæнау æфхæрдæй куы фæцард
кæйдæр адæмы ’хсæн, уæд æй куыд нæ рахатыдтон нырмæ...
Батрадз фæлæууыд æмæ та æрбадт фынджы фарсмæ. Сырдон
дыууæ нуазæны ронг æркодта æмæ дзы иу систа:
— Дæ хорзæхæй, мæ кæстæр, ныббар мын. Æз дæ тыхгæнæг
æнхъæл уыдтæн æмæ дын хъуамæ загътаин: кæд тыхджын дæ,
уæд де ’рвадæлтыл цы ’взарыс дæ тых, науæд зæххон адæмыл?..
Раст у, тыхджын гуырд дæ, фæлæ цæргæс дзынгатимæ нæ хæцы,
домбай тæрхъусмæ тыхæвзарæг нæ цæуы... Кæд, зæххон лæг уæв-
гæйæ, стыр хъаруйы хицау рацыдтæ, уæд бавзар дæ хъару уæлар-
вы цæрджытимæ. Уыдон махæй ницæмæй лæгдæр сты, фæлæ ныл
былысчъилтæ кæнынц. Бахæсс сæм тых æмæ сын бауырнын кæн
зæххон лæджы зонд æмæ хъару!..
Ныр уынын, цас рæдыдтæн мæ хъуыдыйы æмæ мын ныхха-
тыр кæн. Нæ уыд мæ гуымыдза зонды аххос. Мæнæй дын исчи
ахæм хабæрттæ куы радзырдтаид, уæд мæн тыххæй ды дæр афтæ
хъуыды кодтаис... Цы фæндиæгтæ дын æрцæттæ кодтон зæгъы-
нæн, уыдон дæр мæнг уыдысты, ардауæн ныхæстæ!.. Мæн фæн-
дыд: кæд тыхгæнæг разына, уæд ын йæ тых уæлæрвтæм сараздзы-
нæн æмæ дзы кæд нæ фыдыуæзæг сцух уаид, йæхицæй дæр, йæ
фыдбылызæй дæр...
322
Ныр уынын, рæдыд хъуыды уыдис уый, ардауæн ныхæстæ
уыдысты уыдон, фыдзондыл дæ ардауынмæ хъавыдтæн, нæ уæзæг
дæ азарæй фервæзын кæныны тыххæй... Барст мын фод æмæ дæ
ныр та сыгъдæг зæрдæйæ курын: мауал ацу уыцы æнæрайы уæлæрв-
тæм... федтон сæ иуахæмы æмæ сæм хорзæй ницы рахатыдтæн,
махæй хиндæр æмæ æнæгъдаудæр цы сты, æндæр æз уым лæгау
лæг нæ федтон иунæг Уастырджийæ дарддæр... Мауал ацу, лæуу
дæ фыды зæххыл... Æрцæр не ’хсæн æмæ лæджы зонд æмæ хъа-
руйæ æрæвæрæм нæ уæзæгыл, нæртон адæмы ’хсæн, рæстаг фæтк
æмæ хæрзиуæджы зонд, байтауæм нæ адæмыл кæрæдзийы уар-
зон... Уый сæм куы уа, уæд не сты фауинаг адæм, баууæнд мыл...
Ды сын нырма сæ хин митæ федтай, сæ тыхгæнджыты, фæлæ
фен иннæты дæр, бавзар сæ, æмæ кæд дæ зæрдмæ нæ фæцæуой,
кæд мæ зонд мæнг разына, уæд мын-иу зæгъ, зæрдæхудт фæу,
æмæ стæй цыфæнды кæн... Гъе уый курæг дæ дæн, мæ кæстæр,
æмæ ахъуыды кæн, байхъус мæ фæндиагмæ дæр...
Тынг зæрдиагæй фæдзырдта Сырдон. Лæмбынæг æм хъуыста
Батрадз дæр, фæлæ йын бæстон рабар-бабары фæстæ афтæ ба-
ныфс æвæрдта:
— Æууæндын дыл, мæ хорз хистæр, фæлæ мын ныр уæлæрв-
тæм æнæцæугæ нæй, науæд зæгъдзысты: фæлыгъди нæ тæсмæ...
Иу цыд ма сæм скæндзынæн, базонын сын кæндзынæн, зæххон
лæг цы зонд æмæ хъаруйы хицау у, уый, стæй уæд раздæхдзынæн
æмæ уый фæстæ нæхæдæг тæрхон кæндзыстæм нæ зæххон цар-
дыл, нæ фæтк, не ’гъдауыл... Ныр мын баззайæн нæй, — фидарæй
загъта Батрадз.
Сырдон бæргæ бахъынцым кодта, фæлæ рахатыд, нæ ныллæу-
дзæн ацы лæг æмæ йæ нал хъæуы уромын...
— Фод дæ дзырд, басастай мæ, фæлæ мын уæддæр дзырд ратт:
иу афæдзæй фылдæр кæй нал бафæстиат уыдзынæ, — ныллæгъс-
тæ та кодта Сырдон.
— Афæдз, — бахудти Батрадз, — æмæ раздæр куы ’рцæуон,
уæд мæ дæ хæдзармæ уадзинаг нæ дæ æви?..
— Гъæй, тæхудиаг, уый куы æрæййафин, æмæ мæм иу къуыримæ
куы ’рыздæхис! — ныуулæфыд Сырдон æмæ хъуамæ йæ зæрдæйы
фæндиæгтæ ранымадтаид, фæлæ чидæр æрбахъæр кодта кæртæй:
— Ам стут, цы, фысымтæ?
Уый Армимазы хъæлæс куы у, уæд та исты фыдбылыз сæм-
бæлд?.. Йæ зæрдæ бауынгæг Сырдонæн æмæ æнæбары сыстад йæ
бынатæй.
— Мидæмæ рацæут, чи стут, уазæг — Хуыцауы уазæг!..
Æрбацыдысты Армимаз, Алафарн æмæ Æхсæртæггаты кæстæр-
323
тæй цалдæр лæппуйы. Сыстад сын Батрадз дæр æмæ кæрæдзийæн
куы раарфæ кодтой, уæд Армимаз йæ худ систа æмæ æнкъардæй
бакодта:
— Рухсаг уæд Сослан... Нал нын ис... Изæрæй балцы фæцæй-
цыдис æмæ йыл Барсæг йæхи рауагъта хъæугæрон, йæ зæнгтæ
йын быныл алыг кодта... Йæ туг фæцыд æмæ чысыл раздæр йæ уд
систа...
Иууылдæр зæхмæ ныккастысты, стæй æмдзыхæй «рухсаг у!»
загътой æмæ та ныджджих сты. Æрæджиау Батрадз йæ сæр сраст
кодта æмæ Сырдонмæ баздæхт:
— Уыныс, мæ хистæр, ды та мæ ам лæууын кодтай... Нæй,
мæнæн уæлæрвтæм æдзæугæ нæй, ныр нын дзы туджджын кæм
фæзынд, уым уæлдайдæр... Цæй, æз цæуон... Зианы уæхæдæг
бавæрут... Фæлæ ма иу хæрзиуæг курæг дæн, нæ хистæртæ, —
уый Алафарн, Армимаз æмæ Сырдонмæ дзуры, — Бурæфæрны-
джы йæ хæдзармæ бахæццæ кæнут æмæ дзы хатыр ракурут мæ
номæй... Борæты сылыстæгæн та зæгъут: мады удæст мын нык-
кæнæнт!.. Æз цæуын... Кæд афæдзы бонмæ нæ фæзынон, уæд-иу
мæм мауал æнхъæлмæ кæсут...
Батрадз рацыд хæдзарæй, къæсæрæй ма иу каст фæкодта Сыр-
донмæ:
— Дæ сомы мæ зæрдыл дарын æмæ зындзынæн æнæмæнг!
Хæрзæхсæвтæ раут, нырæй фæстæмæ уæ дунейы фарн ахæм хъуыд-
дæгтæй хызт уадзæд!..
Батрадз талынджы аныгъуылд. Армимазитæ ма иучысыл абад-
тысты Сырдонимæ, бафарстой йæ Батрадзы хъуыддæгтæй, стæй
сфæнд кодтой: Сайнæджы сæр йæ хицæуттыл сæмбæлын кæнæд
тæккæ ахсæв Бурæфæрныг, уый сын тугхæстæг у æмæ йын бар ис
уыдонмæ бацæуынæн... Иннæтæ адæмы æрсабыр кæнæнт, зæгъæнт
сын Батрадзы фæдзæхст...
Уазджытæ ацыдысты, Сырдон та баззад иунæгæй, йæ къæсы
раз сагьдауæй лæугæйæ.
12
Цыдæр æрцыд Сырдоныл. Йæ тыхджын знæгтæ æмбойны баф-
тыдысты Мæрдтыбæстыл, — цин хъуамæ кæнид, уый та дурдзав-
дау лæууы иу ран æмæ нæ ацæуынæн у, нæ исты бæлвырд хъуы-
дыйыл ныллæууынæн. Зæрдæ ныддур, сæры цыдæр змæст хъуы-
дытæ рауай-бауай кæнынц, иу иннæйы ивы, фæлæ нæма сбæл-
вырд вæййы, афтæмæй та айсæфы æмæ йæ бынаты æндæр мигъ-
дзæст хъуыды фæзыны, стæй та уый дæр, фынкдæппалау, анæр-
324
сы, атоны, айсæфы... Цин хъуамæ кæнид Сырдон йе знæгты сæф-
тыл, фæлæ нæй иу райгæ стъæлфæн йæ зæрдæйы, цыма йыл ног
фыдбылыз æрцыд, уыйау йæ зæрдæ уынгæг кæны, хъуыды йæхи-
цæн бынат нæ ары, уæнгтæ нызгъæлдысты æмæ сæ сисын йæ бон
нæу, нæдæр æй фæндгæ кæны...
Сфæлмæцыд йæ фæллад уæнгты тъизынæй Сырдон æмæ баз-
мæлыд. Чысыл фæцырд, фæирддæр йæ хъуыды æмæ йæ зæрдыл
фыццаг цы ’рбалæууыд, уый йæ судзаггаг хъæбулы ингæн. Бацыд
Хурафарны ингæнмæ æмæ йыл ныффæлдæхт, ныррызти сæрæй
къæхтæм æмæ йæ цæссыгтæ фемæхстысты. Нынниудта та Сырдон
кæддæрау, райдыдта та иунæг бирæгъы хъарæг йæ зæрдæйы, фæлæ
ныр ниудта, богъ-богъ кодта æргомæй. Кæмæй æфсæрмы кодтаид
æхсæвы талынджы?.. Æмæ адæм йæ алфæмблай куы уыдаиккой,
уæддæр нал фефсæрмы уыдаид Сырдон. Цы ма у æфсæрм?..
Ныронг æм афтæ касти, цыма йæ бинонты быныл баззад æрмæст
мастисæгæй. Æрмæст ма йе знæгты сæфт фенынмæ бæллыд зæх-
хыл æмæ йæ ныр баййæфта. Нал ис йæ цардæн мур нысан дæр:
цæмæн ма цæра, цæй охыл?.. Æмæ йæм афтæ каст, ахицæн ныр
удæгæсты дунейæ, мæрдты дунейыл та æфтгæ нæ бакодта. Ницы-
уал дары цардæй, никæмæй дæр ыл æфсæрмиаг баззад. А-дуне-
йыл, адæмы цардыл цы зæрдæйы тæгтæй баст уыдис, уыдон иууыл-
дæр аскъуыдысты æмæ фæхауы кæдæмдæр авд дæлдзæхмæ, фæ-
хицæн уæлион дунейæ, дæлдзæхмæ та хæццæ нæма ныцци... Цæй
æфсарм ма ис ахæм уынгæг ран лæджы?..
Богъ-богъ кæны Сырдон, цыма йыл фыццаг хатт æртæфст йæ
иунæджы стыр æмæ æвидигæ маст... Зонгæ йæ рагæй кодта, фæлæ
йæ зæрдæйы уыцы маст ныр иунæгæй баззад æмæ йæ сулæфын
нал уадзы. Нырмæ уыцы æнкъарæнæй йæ зæрдæйы къуымы тых-
джындæр уыд мастисыны фæндиаг æмæ уый хæрдмæ скæсын нæ
уагъта иунæджы æнусон æмæ æвидигæ мæт. Ныр уыцы хъуыды
йæхæдæг бацахста Сырдоны зæрдæ, æмæ ма цæуыл фæлæууыда-
ид йæ тыхст уд, уый нал ардта... Æмæ цыд йæ ризгæ хъæлæсæй,
йе стъæлфгæ былтæй æнусон иунæджы хъарæг. Тылдысты йæ
цæстытæй, хæлгæ къæдзæхы дуртау, уыраугæ цæссыгтæ... Æхсæ-
вы æгуыппæджы Сырдоны богътæ, йæ бирæгъы ниуд дардмæ хъуыс-
тысты, фæлæ сæм хъусæг нæ уыд. Æрмæст Хурафарны ингæны
сæрмæ цъуй бæласы къалиутæй фæпæррæст кодта фынæй маргъ,
фæлæ та абадт æндæр ран æмæ та йыл хуыссæг фæтых...
Фæцыдысты йæ цæстысыгтæ, сæрдыгон уарынау, æмæ уæд
Сырдонæн чысыл фенцондæр. Рабадт, асæрфта йæ цæстысыгтæ
æмæ йæхимидæг ахъуыды кодта: цон, фенон ме ’ннæ хъæбулты
дæр, сæ мадæн дæр фехъусын кæнон, — нал сты сæ удхортæ!..
325
Фæцыд Сырдон æхсæвы талынджы къуырдтытæгæнгæ Кæр-
дойы æрдузмæ, Æлыгобауы рæбынмæ. Уым æрбадт, йæ зæрдæ та
бауынгæг, фæлæ ныр цæссыг нал рахъарыд йæ цæсты къуырфы-
тæй. Æвæццæгæн, æмбисонд мæнг зæгъы, ома цæстысыг сохъхъыр
цæстæй дæр цæуы... Ныххус Сырдоны зæрдæ æмæ дзы цæссыг
нал баззад, æрмæст ма дзы уыд иунæджы æнусон хъарæг, æнæ-
цæссыг хъарæг. Бирæ фæбадт Сырдон ингæны бацæуæн къахты
раз, йæ къухтæ фæхаста нæудзармыл æмæ йæ мид-зæрдæйы дзырд-
та йæ хъæбултæ æмæ сæ мадмæ: «Æрæнцайут, мæ хъæбултæ; цин
кæн, Алæгон! Уæ тыхджын æфхæрджытæ мард фесты!.. Рухсаг
ут, хуыздæр бынат уæ хай Барастыры бæсты!.. Ист у уæ туг, кæд
сæ мæхи армæй нæ барвыстон мæрдтæм, уæддæр дзы уыди мæ
зонд... Уый нæй, уæд афонмæ дæр удæгас уыдаиккой æмæ сæ сæр
бæрзонд хæссиккой а дунейыл... Рухсаг ут!..»
Ницы уыд æндæр зæгышаг Сырдонмæ йæ сæфт бинонтæн.
Фæхицæн уыдонимæ ныхасæй æмæ йæ зæрдыл ногæй æрлæууыд
йæхи хъысмæт... Цæй, ныр суагътон мæ зæрдæйы маст, райстон
мæ туг ме знæгтæй... Æмæ дарддæр та?.. Цы ма кæнон ныр?.. Ме
знæгты мæлæтæй мæ хъæбултæ нал райгас уыдзысты, мæрдтæй
никуы ничи раздæхт... Æмæ ма ныр циу мæ иунæджы цард а ду-
нейыл?... Æмæ йыл иунæгæй дæр куыд цæрон, мæнæ лæгмар
куы сдæн æз дæр?..
Судзгæ цæссыгæй та айдзаг сты Сырдоны цæстытæ æмæ йæ
сæр фæзылдта иуварс: мæхиуыл кæуын, — уый æцæг йæхиуыл
куыдта Сырдон, — уый хъуамæ мæ чысыл хъæбултæ ма феной
Мæрдтыбæстæй дæр!..
ФестадСырдон æмæ йæ цæстысыгтæ ралæмæрста уæлтъыфал-
тæй, стæй сæхимæ цæуыныл фæци.
Ныр цыди уæнтæхъил æмæ сæргуыбырй, цыма æвиппайды
азæронд и, йæ хъару айсыст, афтæ хатыд йæхи Сырдон æмæ уæз-
заугай хылди йæ къæсмæ... «Лæгмар дæ ды дæр, лæгмар, лæг-
мар!..» — йæхи къултыл хоста хъуыды æмæ йын цы дзуапп радта-
ид Сырдон?.. Æрæджиау йæ сæрмæ æрцыд ноджы æнкъарддæр
æмæ уынгæгдæр хъуыды: «Æмæ кæд а дунейыл æндæр ницы
фæндаг ис адæймагæн, уæд та?..» Æмæ уæд уыцы фæндаг, хæфс
сойæдзаг хъуырауы куы ныххауа, уыйау куы у, — фæзынд Сыр-
доны хъуыдыйы. Уыныс арвы цъæх уæлейау кæмдæр, зоныс —
хъуырауы къулты æдде ис рæсугъд дуне, фæлæ йæм дæуæн фæ-
цæуæн нæй... Дæхи фехсыс уæларвы рухсмæ, фæлæ хъуырауы
чъилтæй атæхын дæ бон нæу, кæмдæр æрдæгвæндагыл дæ дзæм-
бытæ сойæдзаг лæгъз къулыл сæмбæлынц, цæуыл фæхæст уой,
уый не ссарынц æмæ та фæстæмæ хъуырауы талынг рæбынмæ
326
æрбырыс... Дæ донæйдзаг цæстытæй кæсыс æрвон рухсмæ, дæ
былыцъæрттæ йæм хæрыс, фæлæ дын æм фæндаг нæй æмæ никуы-
дæр уыдзæни... Ды æнусмæ, мæлæты бонмæ, цалынмæ йæ быныл
нæ ныххус уай, уæдмæ уыдзынæ талынг хъуырауы рæбын... Æмæ
уыцы талынджы та хъуамæ искæй амарай, кæнæ дын дæхи исчи
аргæвда!..
Æмæ уæд уый цæй цард у — иунæгæй нæ, æд бинонтæ дæр?..
Уæд дзæгъæлы куы сты æгас дунейы дзыллæты фыдæбæттæ дæр!..
Æмæ уæд æцæг раст куы уыдысты мæ зондджын фыды ныхæстæ:
«Цæй фыдæвзарæны дæ ныппæрстон, мæ иунæг хъæбул!..» Фы-
дæвзарæн цы фæнды фод, хъæцын ыл, фæлæ дзæгъæлы куы уой
уытæппæт фыдæбæттæ, уæд циу цард?.. Бирæ зондджын лæгтæ
хорз æнхъæл кæмæн сты, уыцы цард дæр?.. Нæ, уæд хуыздæр у
ацы дунейæ ацæуын... Мæнг загъта, фыццаг хатт æй чи æрымы-
сыд, уый дæр æмæ йыл чи баууæндыд, уыдон дæр: мæлæтæй,
дам, цæфхадæй сæфтæджы ’хсæн цæрын дæр хуыздæр у!.. Æды-
лы лæджы гæдыныхас, фосы бæллиццаг цард!.. Нæ хъæуы мæн
ахæм цард!.. Кæй зæрдæмæ цæуы, уый йыл фидар хæцæд!.. Чи
зоны, хорз кæсы сæ царды уаг зæдтæ-дауджытæм, — бæрзонд сты!..
Донбеттыртæм — арф цæрынц, никæй арм сæм æххæссы!.. Гуып-
пырсартæм — тыхджын сты æмæ хæтæнты цæуынц, тыхæвзарæн
кæнынц, уый цард у, уæдæ циу!.. Æмæ уæд уыдон цæрæнт, фæлæ
æз цы кæнон, æз?! Куы нæ сæ иутæй дæн, куы нæ се ’ннæтæй,
уæд цы кæнон æз? Куыд цæрон æз — хуымæтæджы зæххон адæй-
маг? Цы саразон, куыд саразон мæ царды уаг, æнæсæрфат царды
рад? Кæдæм фæхæссон мæ иунæджы сæр, кæм ссарон лæджы
аккаг царды фæрæз?
Никуы ис, никуы ис дæуæн, зæххон адæймаг, аккаг царды рад
æмæ уæд... уæд хуыздæр у фæцæуын ацы дунейæ...
Сырдон æрхæццæ йæ хъуыдыйы кæронмæ. Нучы донау уыцы
иу нысанмæ арæзт уыди хъуыды æмæ йын æндæр никуыдæм уыд
æрцæуæн дæр. Æмæ æвиппайды Сырдон фæдисы: ацы хъуыдыйæ
куы райдыдтон мæ цард аразын, уæд та йæм ногæй æрыздæх-
тæн?.. Ау, мæ царды фæндагыл рагуалдзæджы æмгуыдын мигъы
цæуæгау кодтон?..
Сырдоны зæрдыл æрлæууыд, иу хатт ахæм мигъы йæ халагъу-
дæй Уæллаг хъæумæ куыд цыди æмæ афтæ куы загъта, ныр хъæу-
гæронмæ бахæццæ дæн, уæд та йæ халагъуды цъупп куыд суыдта.
Æртæ хатты афæлвæрдта æмæ æртæ хатты дæр йæ къæсы размæ
æрхæццæ... Æвæццæгæн, æцæг афтæ у лæджы царды фæндаг æмæ
йыл дарддæр цæуын ницыуал пайда у, ныууадзын æй хъæуы! —
аскъуыддзаг кодта Сырдон æмæ йын цыма фенцондæр, афтæ йæм
327
фæкаст: йæ уæнгтæ фæрогдæр сты, йæ хъуыды фæирддæр, æмæ
атындзыдта йæ хæдзармæ.
Ницы йын баззад уым æнæзонгæ хабарæй, фæлæ ма йæ фæн-
дыд фæстаг хатт йæ къуымтыл, йæ сабитæ кæм цардысты æмæ
кæм бабын сты, уыцы къуымтыл йæ цæст ахæссын... Мæнæ — йæ
гæрзтæ. Мæнæ — йæ фæндыр, йæ дыууадæс тæнон... Йæ арм ыл
æрхаста, фæлæ уый сыбыртт дæр не скодта. Цыма мæм истæуыл
фæхъыг, тæргайау къуырмайæ лæууы... Мæнæ — йæ артдзæст,
йæ рæхыс, хæдзары фарн... Йæ арм æрхаста ууыл дæр — ам фарн
рагæй нал ис, цæй фарн ма!.. Мæнæ фæсдуар йæ лæдзæджы бы-
нат... Æхсæр лæдзæг дзы лæууыди раздæр, фæстæдæр ын бамбал
Ардагъуйы æфсæн лæдзæг. Ныр дыууæ дæр фæрсæй-фæрстæм
лæзæрынц... Афтæ лæудзысты, цалынмæ сæ исчи нæ ахæсса, æх-
сæр — арт ысхъауынæн, æндон — фатдзыхтæ кæнæ цирхъытæ ара-
зынæн... Бæргæ, искæмæн йæ уалдзæджы хуымгæнды дзыргъа-
йæн куы рантысид, фæлæ кæм и?.. Хорзæй баззайут сымах дæр,
ме ’нæрай царды фæндагыл мын æнæдзургæ æмбæлттæ уыдыс-
тут, мæ тыхсты — сæрылхæцджытæ, мæ зæрдæйы тыппыртæуа-
дзæны та — мæ фæндыртæ... Ныр хорзæй баззайут!..
Сырдон рахызт хæдзарæй, дуар дæр гомæй ныууагъта æмæ
араст Арпаданы былмæ. Кæддæрау ныр нал дæр тагьд кодта, нал
дæр — йæхицæн тæригъæд. /Енцойзæрдæйæ æрбадт доны был сур
къæйыл æмæ ма цыдæртæ хъуыды кодта. Йæ фæнд уыд чысыл
абадын. стæй доны балæгæрдын æмæ йæ арфы йæхи бынмæ ауа-
дзын. Йæ фыд та йæ зæрдыл æрлæууыд, фæлæ йæм нæ адзырдта:
ницыуал дзуринаг мæ ис уыимæ дæр! Фæци æппæт дæр...
Сырдоны æцæг ницыуал дзуринаг уыд, фæлæ йæ хъуыдыйы
не ’рцыд — фыды зæрдæ дæр ницыуал зæгъинаг у йæ хъæбулы
зондæн? Сырдон доны уылæнты иугъæдон цыдмæ каст æмæ дзы
ницы ивта, не спуси доны уæлцъар, фæлæ сындæггай йæ хъус
ахсын райдыдта цыдæр уынæр, стæй та бæрæг хъæлæс: «Лæппу,
ды æрмсест дæхиуыл хьуыды кæныс, дæхицæн тæригьæд кæ-
ныс, дæхи царды фæндаг дсе сендавы... Худинаг дын уæд!.. Фе-
рох дсе нсертон адсемы тыхст дсер, афтсемсей дсехи сæ зонд-
джындæр æнхьæлыс. Зондджын дæ, раст у, фæлæ йæ зонгæ дæр
нæ бакодтай, афтæмæй дæ зонды тых фыдбылызмæ ахызт...
Стыр тых цы фыдбылызтæ хæссы æдыхдæртæн, уый хорз зо-
ныс нымайын. Æмæ раст нымайыс, фæлæ стыр зонд раст ны-
санмæ арæзт куы нæ уа, уæд зондæй æдыхдæртæн цас фыдбы-
лыз ухæссы, уый куыд никуы банымадтай?.. Раст нæ дæ, мæ
хьæбул... Дуне æмæ цардæй тæргай лидзæн нæй... Кæмæн буц
кæныс дæхи? Зоныс æй, дуне зæрдæвæндиаг кæй нæу. Зоныс,
328
адсем дæр æмхуызон сæфт кæй не сты. Сабийы æвзæр искуы
федтай? Сывæллæтты хицау куы уыдтæ, чи дзы уыд æвзæр
йæ гуырдзæй? Адæмы цард дсе зæрдæмæ нсе цсеуы? Æмсе кæд ды
хшздæр исты зоныс, уæд сыи бацамон. Схорз кæн, дæ зсердсе-
мсе цы нæ цсеуы, уый. Тæргай дзы фæлидздзынæ, сабийау, уымсей
нсе фæхуыздæр уыдзсен нсе дæр цард, нсе дæр дуне...
Фод уый дæр, фæлидз нæртон дунейæ, нæртон адæмæй...
Фæлæ сæм цы фыдбылыз кæсы, уым дæ азым дæр кæй ис, уый
нæ хатыс?.. Ды хъавыдтæ уæ гуыппырсарты тых уæлæрвтæм
саразын. Уадз æмæ тыхджынтæ кæрæдзи цæгьдæнт, æдыхтæ
дæр кæд цардæй исты фениккой, тых сæм нал хæссиккой! Дæу-
мæ уый раст хъуыды кастис... Фæлæ раст у? Ныр схъуырæй-
хъуырмæ сты Нарты гуыппырсартæ æмæ зæдтæ-дауджытæ,
æмæ куыд æнхъæлыс, иннæ Нартмæ дзы ницы фыдбылыз æрхау-
дзæн? Уыдон сымахæй уæлдæр æмæ тыхджындæр куы сты, уæд
уын се ’фхæрд ныббардзысты?.. Никуы! Никуы, мæ хъæбул!..
Хуыцау йæ зæдты, йæ дауджыты зæххон адæмы амæттаг
нæ фæкæндзæн! Æз æй зонын, мæ хъæбул, æз уæлæрвтæй доны
бынмæ уымæн фæлыгъдтæн æмæ нæй уым рæстдзинад! Тыхы
сæрыл лæууынц уым дæр! Æмæ сæм иугæр тых хæссут, уæд та
уын барст нæ уыдзæн иу туджы æрхъис дæр... Нæртон дуней-
ыл æмæ нæртон адæмыл стыр фыдæвзарæн ныр æркодта, мæ
хъæбул, æмæ уым ис дæ зоиды аххос дæр. Ды, тæхгæ фаты
фындзау, дæ зонд мастисынмæ скодтай æмæ дын йæ фæдыл
стыр фыдбылыз расайдта нæртон дзыллæйæн...
Ныр дын лидзгæ нал у, мæ хъæбул, иууыл стырдæр фыдæв-
зарæны дуг дыл ныр ныккодта æмæ ды та тæргай лидзынмæ
хъавыс! Нæу уый раст, уый тæппуд лæджы ми у æмæ мæнæн
та тæрсаг æмæ æнæныфсхаст лæппу нæ уыдтæ!.. Ныууадз дæ
тæргæйттæ æмæ цу нæртон дзыллæмæ. Ныр сæ иунæг ныфсы
сæр ды дæ æмæ сæ ма фæсай, фыдæнхъæл сæ ма фæкæн. Ратт
дæ зæрдæ æмæ дæ зонд дæ иубæстон адæмы уарзынмæ... Бафид
уарзондзинад æмæ зонды æхсарæй дæ азым нæртон адæмы раз!
Ма сæ ныууадз иунæгсёй, æвирхъау фыдæвзарæны! Науæд мæ-
нæн хъæбул нал уыдзæн, мæ цæсгом никуыуал фендзынæ нæдæр
уæлион дунейы, нæдæр Мæрдтыбæсты...
Æз загътон мæ ныхас: «Цу, нæртон дзыллæмæ, ма сæ сфæл-
мæц, дæ азым дæр бафид!..»
Сырдон хъуыста æдзынæгæй йæ фыды хъæлæсмæ æмæ та кæ-
цæйдæр фæзынд йæ цæсты хаутыл хъæрмуст дон, фæлæ уыдон
раздæры цæссыгтæ нал уыдысты. Уыдон уыдысты, тæргай сабийы
йæ мад куы барæвдауы, уæд цы рухс цæссыгтæ ныггæр-гæр кæ-
329
нынц, уыдон — лæджы уд æфхæрды зынæй чи иппæрд кæны,
уыдон. Æмæ Сырдон хатыд, йæ уæнгтæ та куыд рог кæнынц, куыд
та сæм лæдæрсы кæцæйдæр, уæлæрвты ирд цъæхæй, раздæры
хъару æмæ цардбæллон. Хатыд уый дæр, йæ хъуыдыйы та куыд
тыхджын кæны нæртон дзыллæйы ног фыдæвзарæны катай, ньф-
мæ æрмæст æндæргау чи лæууыд йæ цæсты раз, уыцы ног фыдбы-
лызы мæт... Чи йæ зоны, цавæр у уыцы фыдбылыз, цахæм æвир-
хъаудзинад хæссы нæртон дзыллæйæн æмæ куыд ныллæудзæн
иунæгæй йæ разы Сырдон, æндон цæджындзау? Æмæ куы ныл-
лæууа, уæддæр æй бауромдзæн? Мыййаг æй куы нæ бауромой
Сырдоны стыр зонд, йе ’ндон хъару æмæ куы ныккæла нæртон
дунейыл бæрзонд арвы къус, йæ быны куы ныцъцъист кæна нæр-
тон адæмы?..
Бады Сырдон иунæгæй сур къæйыл Арпаданы был æмæ кæуы
сабийы рухс цæссыгтæй. Æрцыд йæ уæнгтæ æмæ йæ зæрдæмæ
раздæры хъару, фæлæ, чи зоны, цы ’рцæудзæн райсом Сырдоныл
дæр, æмæ йæ зæрдæйы рæбын, сабиау, цы нæртон дуне хæссы,
ууыл дæр?..
1977-1978
&ЫККЙР ЧЦНЫР
Фæндзæм хабар
ФЫ#вæ# æвн æвæ#?
«Ныккæндтæм! Ныккæндтæм! Ныккæндтæм! Лидзгæ! Уайгæ!
Тæхгæ!» — хъæр кæны йæ дзыхы дзаг Сырдон. Лæууы быгъдæ-
джы нæртон хъæутæй йæ халагъуды ’хсæн æмæ æрдиаг кæны Сыр-
дон. Йæ цæнгтæ гомæй ивазы хæрдмæ, арвы къуырфмæ æмæ еусар
кæны Сырдон. Хæдоны уæрæх дыстæ æрхаудтой суанг базгуыты
къуыбыртæм. Пырх къухтæй æртхъирæн кæны кæмæдæр уæлæрв-
тæм. Къæвдайы дон сæх-сæх кæны, бæгъæмсар лæг бынтон ныл-
лæпъæз йæ сæры хилæй йæ бæгънæг дæлфадмæ, фæлæ йæ ницæ-
мæ дары. Йæ тых-йæ бонæй хъæр кæны æмæ сиды, æртхъирæн
кæны æмæ сиды. Сиды зæххон адæммæ æмбæхсынмæ — ныккæнд-
тæм! Æртхъирæн кæны уæларвмæ йæ пырх къухтæй, æвæццæ-
гæн, уым чи цæры, уыцы зæдтæ, дуæгтæ, хуыцæуттæм. Чи зоны,
Сырдон ууыл хъуыды дæр нæ кæны ныртæккæ. Уый æндавы æр-
мæст йæ фæдисы хъæр, фæлæ йын искæмæ хъуыса, а-да-гъа...
Арвы цæлхъытæй дæларв дуне байдзаг. Сырдон йæ хъæлæс йæ-
хæдæг дæр рæстмæ нæ хъусы, фæлæ уæддæр цъæхахст кæны йæ
дзыхы дзаг. Арвы иу гæрахæй иннæйы ’хсæн бадодой кæны уæлæрв-
тæм, стæй та асиды-адзуры зæххон дунемæ: «Ныккæндтæм!.. Лидз-
гæ!..» Лæууы тыгъдызæйы бын Сырдон æмæ еусар кæны, йæ цæс-
гом арвмæ сарæзта æмæ, кæд цæсты къуырфытæ уысмæй-уысммæ
донæй айдзаг вæййынц, уæддæр йæ сæр нæ гуыбыр кæны... Фез-
мæлынæн дæр нæу, цыма бæласау йæ къæхтæ уидæгтæ ауагътой
331
зæххы мæлæты бонмæ, цалынмæ бахус уа, сбутъро уа æмæ дым-
гæйы улæфтмæ рафæлдæха, уæдмæ... Ныффæдис кæны йæ дзы-
хы дзаг, стæй та арвы цæлхъ куы фæцæуы, уæд йæ цæстытигъыл
ауайынц: куы — æнусон бæлас схъистæ фæхауы йæ зæнджы астæу-
мæ æмæ стæй йæ пиллон ыскæлы, куы — æрвдзæф æруайы нæр-
тон адæмы хæдзæрттæй искæуыл, ницыуал дзы фæзыны, æрмæст
арты пиллон, фæздæджы пихылæйттæ, стæй цар æмæ къулты схъис-
тæ судзгæ æхсидæвтæй, цæхæры стъæлфæнтау, фæйнæрдæм тæ-
хынц... Уæд Сырдон ноджы тынгдæр сæрдиаг кæны, йæ пырх
къухтæ ныттилы æмæ, кæд йæ хъæлæс ныффæсус, уæддæр хъæр
кæны æмæ кæндзæн, цалынмæ йæ хурхы уадындзтæ аскъуыйой...
«Фæдис!.. Ныккæндтæм!.. Лидзгæ!..» — схъæр та кодта Сыр-
дон, йæ мидбынат базмæлыд, ныррызт, фæлæ уæддæр сагъдауæй
баззад арвæй зæххы астæу, æрмæст йæ къухтæ ивазы арвмæ æмæ
фæдис кæны дæларв дунемæ...
Сырдонæн йæ фыццаг хъæрмæ Фатакуй фесхъиудта, йæ раз-
заг къæхтыл рог фестад, фæрсырдыгæй бакаст йæ фынæй хицау-
мæ. Дисы бацыд Фатакуй: йæ хицау уæлгоммæ хаудæй лæууы,
йæ цæстытæ цъынд, цæсгом фæлмас, хъалы æууæлтæй йæм ницы
ис, афтæмæй йæ хъæлæсы дзаг тыхст хъæр кæны!.. Цы йыл æр-
цыдаид?.. Ницы йæ сæрæн зоны Фатакуй æмæ фыр тыхстæй уый
дæр йæ хъæлæсы дзаг тызмæгæй ныррæйдта, цыма искæй тæрсын
кодта. Куыдзы рæйдмæ Сырдон фесхъиудта, йæ сæр фæхъил кодта
æмæ андзыгау, нырма йæ фыны зæрдæхаттыл уыд, йе ’муд нæма
’рцыд æмæ дзагъырдзастæй ракаст Фатакуймæ, ома ды та цæуыл
æрдиаг кæныс, мыййаг, уыцы тугуарæны кæд нæ уыдтæ?.. Фата-
куй æрсабыр æмæ уый дæр йæ хицауы цæстытæм æдзынæг кæсы.
Сырдон æрæджиау æрæмбæрста: уый æрмæст фыдфын кæй
уыди, дунейыл кæй ницы ’рцыд. Мæнæ йын Фатакуй уæд афтæ
æнцойæ нæ кæсид йæ цæстытæм, нæдæр боны рухсы уадздзæгтæ
бырсиккой йæ уатмæ чысыл рудзынг æмæ дуары зыхъхъыртæй...
— Ма тæрс, Фатакуй, ма тæрс!.. — ныфсæвæрæгау бакодта
Сырдон æмæ йæ галиу армы тъæпæн æруагъта йæ уарзон сырды
мукъуйыл. Фатакуйы зæрдæ нал фæлæууыд уыцы рæвдыдмæ æмæ
схызт Сырдоны цурмæ уатмæ, йæ цыргъ бырынкъ фæцавта Сыр-
доны дæларм æмæ цины сым-сым бакодта, цыма йыл фæскъæвда
хур ракаст. Сырдон æй йæ галиу армæй æрбахъæбыс кодта, рахи-
зæй та йын йæ фæтæн ных лæгъзытæ кæны. Иу чысыл дыууæ дæр
сæ тасы равгæй куы фæхицæн сты, уæд Сырдон хъуыдытыл фæци.
«Цц уыдаид, дæ хорзæхæй?.. Цæй дымæгмæ федтаин ахæм фыд-
фын?..»
Йæ зæрдыл æрлæууыд йе зноны ныхас йæ фыдимæ... Ногæй
332
йæ уæнгтæ ныддыз-дыз кодтой фыды æрхуым ныхæстæй: «Цу
нæртон дзыллæмæ, ма сæ сфæлмæц, дæ азым дæр бафид... Бафид
уарзондзинад æмæ зонды ’хсарæй. Ма сæ ныууадз иунæгæй æвир-
хъау фыдæвзарæны!..» Цавæр фыдæвзарæн ма у.. Фыддæр ма цы
хъуамæ æртыхса мæ сæрыл, науæд нæртон адæммæ цæй фыдæв-
зарæн кæсы?.. Гъе стæй циу мæ азым?.. Мæ бинонты мын уыдон
ныццагътой, азымджын та æз дæн?.. Фæлæуу, фæлæуу, æххæст
раст нæу уыцы нымад... Мæ бинонты чи ныццагъта, уыдон сæ
мæрдонвæндагыл бафтыдысты, нæртон дунейы аххос æй цы кæ-
нын?.. Мæ фарс нæ фæлæууыдысты? Æмæ сæм кæд адзырдтон,
науæд куыд бацыдаиккой иу мады зæнæджы хъаугъайы?.. Раст
нæу уыдоны азымы дарын. Чи зоны, мæ фыд мæ азым хоны, нæр-
тон дунейы цардæй мæхи кæй аластон, тæргайау сæ кæй рахицæн
кодтон мæхи?.. Æвæццæгæн, раст нымад у, кæд сæ бынтон никуы
рахицæн дæн, уæддæр. Æниу бынтон рахицæны фадат ис? Уæд
хъуамæ ахæм ранмæ фæлидзай, сæ кой дæр дæм куыд нал хъуы-
са... Æмæ кæдæм?.. Дуне алы ран дæр тыхы сæрыл хæст у æмæ
дзы мæгуыр лæг йæ сæр кæм бафснайа?..
Знон мæ фыдæй куы фæхицæн дæн, уæд Арпаданы фарсмæ
къуыбыры нæууыл мæхи ауагътон сæрибарæй, æнцой зæрдæйæ
æмæ кастæн уæларв дунемæ. Саджы цæстау ирд уыди арв. Иу
мигъы бындзыг никуы ис. Уыцы сыгъдæг къуырфæн нæ бын ис,
нæ кæрон... Изæры арвыл хуртуаиау фæзындзысты стъалытæ, сæ
цæстыты рухс тыбар-тыбур кæндзæн, лæджы зæрдæ сайдзысты
æгæрон дунемæ, цыдæр зæрдæрухс æмæ зæрдæныфсы хосау, сæ
уындæй рог æмæ рухсдзыд фестдзæн лæджы бæллагуд, æмæ цы?..
Хуры цæст куы скæса, уæд та адæймаг бафтдзæн тыхми æмæ
фыдбылызтыл, йæ зæрдæ та сихсидзæн, ныддур уыдзæн æмæ дзы
хæрамæй дарддæр уарзондзинады къæм нал аззайдзæн... Æмæ
кæдмæйы фаг у афтæмæй адæймаг?.. Уарзондзинады тыхæй ба-
фид дæ азым!.. Æнцон у йæ зæгъын, фæлæ куыд, уый чи зоны,
æндæра бæллиццаг куыд нæ у адæмæн, мæнæ нæртон дунейæн
уарзондзинадæй лæггад кæнын!.. Уæззау ныуулæфыд Сырдон æмæ
рабадт уаты, Фатакуйы æрхизын кодта зæхмæ æмæ йæ дарæс
кæныныл фæци.
Сырдоны бафæндыд кæддæрау Фатакуимæ Арпаданы былмæ
тæхгæ уадæй ацæуын æмæ та уым йæхи ныннайын. Йæ уæнгтæ
раздæрау рог æмæ тыхджын фæкастысты абон Сырдонмæ æмæ сæ
куы афæлварид, уый йæ фæнды.
Дугъы та бацыдысты куыдз æмæ йæ хицау æмæ иудзæвгар,
æцæг, раздæры тахт кодтой уæлдæфы, фæлæ æрдæгвæндагыл
Сырдон фæхатыд: Фатакуйы баййæфта (раздæр уый никуы уыд!)
333
æмæ стæй йæ разæй фæци... «Низæфхæрд у куыдз æмæ йын раз-
дæры митæ нырма зын аййафæн сты», — ахъуыды кодта Сырдон
æмæ йæ цыд фæсабыр кодта, Фатакуй йæ куы баййæфта, уæд та
ноджы сындæгдæр цæуыныл ныллæууыд, — уадз Фатакуй фæра-
зæй уа æмæ йæ зæрдæ сбуц уа: мæ хицау фæстейæ аззади!.. Сыр-
дон йæхæдæг дæр фæхатыд кæй фæуæззау, йæ зæрдæ уæлдай
риуыгьтытæ кæй райдыдта æмæ æрæнкъард: фæзæронд стæм нæ
дыууæ дæр, Фатакуй, æз къаддæр, ды — фылдæр... Куыдз тагъд-
дæр зæронд кæны, афтæ у æрдзы фæтк æмæ хъæц, ме ’фсымæр,
хъæц, æндæр гæнæн нæй...
Дыууæ дæр æнæдзургæ балæгæрстой доны æмæ ленчытæ рай-
дыдтой. Дон уазал уыд, фæлæ уæнгтæн æхцон, хур йæ был сдард-
та быдыры кæронæй æмæ уæлдæф уайтагъд ахъарм, доны уазал
ницæмæ дардтой Сырдон æмæ Фатакуй. Футтытæгæнгæ рахыз-
тысты æддæмæ. Фатакуй йæхи ныууыгъта æмæ уайтагъд асур.
Сырдон дæр йæ армы тъæпæнтæй æрсæрфта йæ буар, йæ дарæс
акодта æмæ фæстæмæ рацыдысты. Сырдон, рагæй фæстæмæ куыд
фæцайдагъ, афтæ адих кодта йæ еууы гуыл æрдæгыл æмæ сæ
хæйттæ куы аууылдтой, уæд дыууæ дæр араст сты Кæрдоджын
æрдузы Æлыгобаумæ...
Æрхæндæгæй фæкаст Сырдон йæ биионты зæппадзмæ, йæ алы-
вæрсты фæразил-базил кодта, йæ зæрдæ барухс ингæны алыварс
дыргъбæлæсты уындæй: дидинæг акалдтой, дыргъты къалиутыл
къуыбыртæ чысыл разындысты, сæныччы сыкъаты бынæвæрдау...
Зад уыдзысты æмæ дзы фæззæджы æртондзынæн, хъуырæутты
сæ нывæрдзынæн æмæ зымæджы нæ сабитæн диссаджы лæвар
уыдзысты... Лæвар — мæ чысыл хуртæй!.. Уыдон уыдысты æмæ,
сыл ныр дæр сæ бар цæуы... Цинæй мæлдзысты нæ сабитæ æмæ
чи зоны, хорзæн мысой мæ зæрдæйы скъуыддзæгты... Сырдоны
зæрдæ та нырхæндæг, фæлæ дзы цæссыг нæ ратагъд, рухс æмæ
æрхуым сиу сты йæ зæрдæйы рæбын, кæрæдзи рабырс-бабырс
кодтой, фæлæ ацы хурæвдылд райсом хъуыды дæр цинæмхиц ра-
зынд æмæ фæтых йæ иунæджы сагъæсыл.
Кæрдойы æрдузæй Сырдон æмæ Фатакуй рацыдысты хъæды
кæронмæ, хуымтæ кæм райдыдтой, уырдæм. Сырдон фыццаг хатт
фæхатыд ам йæ хуымы гæппæл, Сагсуримæ кæй бардызта, уыцы
гæппæл дæр конд æмæ тыд кæй уыд, еуу дзы бæрзонд кæй ыссыд
æмæ тарцъæх кæй дардта, уый. «Диссаг, чи йæ бакодта, кæй зæр-
дæ йæм бахъазыд?.. Ау, бафæрсыны аккагыл мæ куыд нæ баны-
мадта?.. Æниу мæхæдæг куы загътон, кæй фæнды, уый сæ бакæ-
нæд йæхицæн, цы ма мæ фарстаид?.. Фæлæ зæрдæйæн хъыг у...
Кæд тыхст æмæ хъуаг исчи уыд, уæд ын цин æмæ фарны хос фес-
334
тæд, цы дзы ’рзайа, уый... Кæд нæ, уæддæр цы кæнон, мæхи дзы-
хæй рацыд ныхас... Цымæ уыцы æнамонд сидзæры гæппæлтæ дæр
исчи бакодта, уыдон дæр мын куы нæ фесты конд?.. Бакæнæнт сæ,
цы уæлдай мын у, фæлæ æфсонæн уæддæр бафарстаиккой...
Сырдон йæ ных скодта хуымты астæумæ, Зæринæйы зæххы
хæйттæ кæм уыдысты, уырдæм. Цæугæ-цæуын та йæ зæрдыл æр-
балæууыд йæ дысоны фын: цы амона уæддæр?..
Цы нысан кæна, стæй мæ фыд цæй фыдæвзарæиы кой кодта?
Куыднæ йæ бафарстон, мыййаг, кæд исты зоны æмæ мын æй æм-
барын кодта, æз та мæхи сæры къуыдырыл тыхстæн æмæ бафæр-
сынмæ дæр нæ фæцарæхстæн... Афтæмæй ме ’дылыйыл нæ сæт-
тын, зондджын æнхъæлын мæхи!.. Зондджын!.. Уæдæ!..
Сырдон Алæгоны хуымы гæппæлтæм куы бахæццæ, уæд йæ
хъуыдыйæ фæхицæн æмæ хуыммæ кæсыныл фæци: уыдон дæр
конд... Чи уыдаид?..
— Нæртон лæг, цæстæй нал уыныс, æви «дæ бон хорз!» зæгъын
дæ сæрмæ нал хæссыс? — æрбадзырдæуыд Сырдонмæ æмæ уый
дæр фæрсмæ фæкаст. Хуымы кæрон ног æхсад урс уæлæфтауы
лæууыд Алафарн æмæ йæ мидбылты худти Сырдонмæ. Сырдоны
зæрдæ цинæй айдзаг. Ныр æй цалдæр боны нал федта, йæ хъуыды
иууылдæр йæхи иуиæгдзинады алыварс зилдух кодта æмæ йæ иинæ
нарт, æгæрыстæмæй, йæ удæн адджын чи уыд — Армимаз, Ала-
фарн, Сагсур — уыдон дæр нал æндæвтой. Хæрзбон зæгъынмæ дæр
нæ фæтасыд йæ зæрдæ: исты ныфсæвæрæн ныхæстыл ныллæудзыс-
ты æмæ йæ бакъуылымпы кæндзысты... Стæй хæрзбон кæнын дæр
цæмæн хъæуы? Иу чысыл фæмаст кæндзысты æмæ сæ стæй ферох
уыдзынæн, сæ зæрдæ ма сын развæлгъау цы къахон?..
Ныр уыцы хъуыдыйы сæрты куы ахызт, йæ фыды зондмæ куы
раздæхт, уæд фыццаг Алафарны кæй федта, уый йын зæрдæрух-
сы хос фæци æмæ йæ зæрдæ нал фæлæууыд, худгæ бацыд лæгмæ
æрмттæтыгъдæй æмæ йæ æрбахъæбыс кодта:
— Гъæтт, хуыздæр фæуай, мæныл ам чи фембæлд!
— Ма мæ ныцъист кæн, хорз Æхсары фырт, тыхджын кæй
стут, уый рагæй зонын, фæлæ дын ам Фæрныг нæй, куы дæ фел-
хъивон, уæд ныттæстытæ уыдзынæ! — хъазгæмхасæн дзуры Ала-
фарн æмæ йæ уый дæр йæ тыхджын дзæмбытæй æрбатымбыл код-
та, стæй йыл иуварс ахæцыд йæ уæхсджыты къуыбызтæй æмæ
йыи йæ цæстытæм æдзынæг ныккаст. Сырдоны æрвгъуыз цæсты-
ты абон фыццаг хатт федта, Хурафарны мæлæтæй фæстæмæ, цины
уылæн райгæ-хъазгæ æмæ йæ зæрдæ барухс: Сырдон та раудгас,
цы уыд, уый та фестад æмæ йæ фæстæмæ, йе ’рхæндæг зæрдæйы
уагмæ аздæхын хъуамæ мауал бауадзон!..
335
— Тæстытæн дын, хъуырæутты паддзах, нырма æвгъау дæн.
Стæй ды сыджыты султъытæ тæстытæ кæнын сахуыр дæ, мæн та
нырма сыджыты мур фестын нæ фæнды, науæд ма дæм хъуырæуттæ
судзынмæ чи фæкæсдзæн, — нымайы Сырдон æмæ йæ цины равг,
рухсивæнау, рауай-бауай кæны йæ цæсгомыл.
— Гъе, уымæй раст зæгъыс, нæртон лæг. Хъуырæуттæ судзын-
мæ мæм хъуамæ æнæмæнг фæкæсай, науæд мæ куырм бæгъатыры
æвджид ныууагътай æмæ уый та æлыг нæмынæй уæлдай ницæмæ
арæхсы...
— Уый дын мæ быгъдуан, æлыгхор, фæкæсдзынæн дæм, æр-
мæст æнæмызд кусæг ис, фæлæ æнæхæлц кусæг никуы федтон...
— Гъе, æмæ ныр фендзынæ: æз дæ цуры цæл кæндзынæн æмæ
дæуæн та дæ комы къулты дæттæ цæудзысты... Афтæ, гъе, мæ
хур!.. Æз дын дæ хуымтæ куы кодтон, тыдтон æмæ ластон, уæд
мæм ды хуынтимæ цыдтæ, мыййаг?.. — хин худт кæны Алафарн
æмæ кæсы Сырдонмæ.
— Гъæ, гæды, уæдæ сæ ды бакодтай?
— Мæ фыдыстæн, æз, стæй дæ фæрсгæ дæр нæ бакодтон, аф-
тæмæй!..
— Хорз у, æгайтма сæ ды бакодтай. Раст дын куы зæгъон, уæд
ма æз абон райсом хъынцъым дæр кодтон: чи сæ бакодта, кæд тыхст
æмæ зæхцух лæг у, йæ цæрæнбон бирæ, хæлар ын фод, цы йæм
дзы æрцæуа, уый... Æрмæстмаæфсонæн фæрсгæуæддæр куы акод-
тавд, уый мæ зæрдæйæн — æхцон, уый та — хæрзæгъдау лæг!..
— Кæсæд ма йæм исчи: йæ хуымтæ йын бакæн, байтау, балас
æмæ ма йын ноджы лæгъстæ кæн: дæ хорзæхæй, бар мын ратт
æмæ дын дæ куыстытæ бакæнон дæ бæсты!.. — мæсты хуызæй
нымайы Алафарн, йæ цæстытæ та худгæ кæнынц, Сырдон хъуыд-
даг кæй нæма æмбары, уый хаты æмæ йæм худæг кæсы.
— Мæ бæсты та цæмæн? — нæма хаты Сырдон Алафарны ныхас.
— Уæдæ кæй бæсты, нæ зонды къуыбар? Æви афтæ нымайыс,
дæуыл æвирхъау цæф куы сæмбæлд, дæ уалдзæджы куыстытыл куы
нал уыдтæ, уæд дын æз та дæ хуымтыл фæхæлæф кодтон?.. Гъæй,
куыд дын амардтæн, ме ’рвад, гъе!.. Алафарн дын дæ хуымтæ æнæ-
карстæй кæй нæ ныууадздзæн, уый ныфс дæ дзы нæ уыд? Æмæ ма
дын уæд цæй æфсымæр дæн?.. — цыма æцæг фæхъыг, уыйау дзу-
ры Алафарн. — Æз та нымадтон, бузныг мæ фæуыдзынæ...
Сырдоиæн æцæг нæ уыд йæ хъуыдыйы кæрон дæр, исчи ма йын
йæ хуымгæндыл батыхса, йæхи тауинагæй сæ байтауа, уый æмæ
фефсæрмы, стæй цины сыг фæбадт йæ хъуыры æмæ дзурынæн нал
уыди. Иннæрдæм аздæхт æмæ йæ цæссыгтæ куы аныхъуырдта,
уæд фæзылд Алафарнмæ, йæ цæстытæм ын æдзынæг ныккаст:
336
— Ме ’фсымæр, мæлæты бонмæ дæ хæсджын уыдзынæн, фид-
гæ дын ницæмæй бакæндзынæн ацы хорз, фæлæ мæ рох никуы
фæуыдзæн... Мæ иунæг уд мын барæвдыдтай, æмæ мæ цæссыг
уромын мæ бон нал у, Хуыцау дын æй ма ныббарæд! — Сырдонæн
æцæг йæ цæстытæ донæй айдзаг сты æмæ сæ йæ рахиз армы æн-
гуылдзтæй зæхмæ лæмарæгау акодта. — Цыдæр æнæхайыры тæн-
зæрдæ мыл бафтыд æмæ мын ныххатыр кæн, дæ хорзæхæй...
— Цæй, ныууадз уыцы ныхæстæ, æгайтма мæ куыст дæ зæрдæ-
мæ фæцыд, — дзуры Алафарн, кæд Сырдон куысты тыххæй сы-
быртт дæр не скодта, уæддæр, фæндыд æй ныхас æндæрырдæм
аздахын.
— Мæ зæрдæмæ дæ куыст кæддæриддæр цыди, хорз лæг, —
бамбæрста Сырдон Алафарны хин æмæ уый дæр уыцырдæм фæ-
царæзта йæ ныхас. — Уæлдайдæр та хъуырæуттæ куыд фæ-
тымбылтæ кæныс, уый. Ныр та мæ бауырныдта, хуым кæнынмæ
дæр хуыцауы гæрах кæй дæ!..
— Гъе, æмæ æгайтма басастæ, æз дæуæй сысты уылынджы бæрц
бæрзонддæр кæй дæн хуымон лæджы куысты!.. Æбузн лæг кæй
нæ разындтæ, уый мæ зæрдæмæ цæуы, фæлæ уæддæр Фатакуй
дæуæй хуыздæр лæг у. Æццæй нæ, Фатакуй? — фестъæлфыд
Сырдоны иузæрдыг куыдз æмæ Алафарнмæ æввахс балæууыд,
ома цы мæ кой кæныс, хорз лæг?.. Йæ цыбыр дымæг батылдта,
стæй йыл йæ уæззау цæстæнгас бынæй уæлæмæ схаста, суанг йæ
цæстытæм. Алафарн бамбæрста, куыдз дзы цыдæр рæвдыд æн-
хъæл кæй у æмæ йын йæ фæтæн ных адаудта, стæй йæ дзыппæй
систа иу кæрдзыны хай —Алафарнæн йæ ахуыр афтæ уыд, йæ
дзыппы-иу исты рæвдауæн рахастаид, уынгмæ куы цыди, уæд.
Ныр æм ацы кæрдзыны цъæл фæци æмæ йæ Фатакуйæн балæвар
кодта.
— Фатакуй, ды мæм нал фæхъыг уыдзынæ, фæлæ дæ хицауæн
та цы кæнон? Цæй, куысты бон нæу, нæхимæ ацæуæм æмæ кæд
уæ аккаг исты разынид не ’фсинмæ. Цы зæгъыс, нæртон, æви дын
исты зæрдиаг кусинаг ис?.. — æфсоны фарст кæны Алафарн.
— Цы кусинаг мын ис, стæй дæ ныхасыл дыууæ кæд дзырд-
тон? Ацæуæм, — сразы Сырдон, зоны йæ, Алафарн ацы хуындыл
дзырд уыдзæн йе ’фсинимæ æмæ йын æдзæугæ нæу.
Чысыл ма азылдысты адæмы хуымты алывæрсты æмæ стæй
комкоммæ Алафарны хæдзармæ араст сты.
Алафарны ’фсин зæрдиагæй бацин кодта Сырдоныл æмæ уымæн
йæ зæрдæ ноджы æрфæлмæн: адон рагæй хъуыды кодтой мæныл,
æз та мæхи иунæг æнхъæлдтон... Раст мын загъта мæ фыд: дзæгъæ-
лы тыдтон тæргайæ мæ бонтæ... А дунейыл дын иу зæрдиаг æфсы-
22 Сырлоны цæссыгтæ
337
мæр куы уа, уæддæр дæ уд царды зынтæ бадомынмæ хъуамæ рад-
тай, тæргай никæмæн ницы ахъаз у, фыдохы хос цы басгуыхы
удæн, æндæр ницы...
Сабитæ, Алафарны лæппутæ, Фатакуимæ хъазыныл фесты æмæ
зæххыл къуыбылæйттæ кодтой, рагон хæлæрттау. Сырдоны рай
зæрдæ ма агуырдта Армимаз æмæ Ардагъуйы, Сагсур дарæнты
уыди æмæ уымæн ницы амал уыд æрбакæнынæн. Алафарн цыма
Сырдоны сусæг хъуыды базыдта, уыйау фæдзырдта йæ лæппуты
хистæрмæ: — Цу, Армимаз æмæ Ардагъуйæн зæгъ, ардæм куыд
рацæуой, тынг зæрдиаг хъуыддагæн мæ хъæуынц...
Сырдонæн æхсызгон уыд, Алафарн ын йæ фæндиаг кæй бам-
бæрста: ныр йæ цин æххæст цин уыдзæн. Рагæй нал федта йæ
уарзон æмгæртты. Ардагъу йæм дарддæр уыд Армимаз æмæ Ала-
фарнæй, фæлæ уый тынгдæр мысыд: уый рæвдауинагдæр уыд,
цæсты рухсæй цух, хъуыдыйæ та мæгуырдæр кæй уыд, уый адыл.
Ныр Сырдоны фæндыд уый арæхдæр уынын: афтæ йæм каст, цыма
ныр йæ царды нысан у дунейы барæвдауын, стæй куыд тыхстдæр
æмæ мæгуырдæрæй. Уыцы рæвдауинаг адæмæй Сырдоны ныма-
ды иу уыди Ардагъу, æууæндаг æмæ рæстзæрдæ бæгъатыр...
— Ам дæ цы, хъуыраугæнæг? — лæдзæджы фæндагæсгарæн
къуппытæ Ардагьуйæн йæхицæй æмæ йæ ныхасæй фæраздæр сты. —
Фæцæуын дæм, фæлæ дæ хуындыл ма фæфæсмон кæ, уæддæр
нал аздæхдзынæн...
— Хуындæй дæ гал æгæвдæс, уæйыгхор, — хъæрæй йæм ра-
дзырдта Алафарн. — Фæлæ дзы фæсмон нæй, æцæг мæ хъæуыс.
А, уæйгуытыл цуан кæнынæн æгæр фæуæззау дæ, фæлæ ма дæ сæр
кусы æмæуымæй уæддæр исты ратона кæнæм и, куыд дæм кæсы?.. —
хъазы Алафарн æмæ йæ хаты Ардагьу, уæддæр æм йæ ныхас аивы-
ны зæрдæ нæй.
— Сæр Хуыцау куы раттид бæргæ, фæлæ мæ уымæй ницы ныфс
ис... А уæйгуыты хабар та афтæ у æмæ куырм лæгимæ хæцын сæ
сæрмæ нæ хæссынц, æндæр уæззауы тыххæй ницы ’фсон кæнын,
уæз кгем и, тых дæр уым вæййы, хъуырæутты фæтæг, фæлæ йæ
ды цæмæй зоныс. Хъуырауы хорз рогæй бæрæг у, тыхы бирæ та —
уæзæй!..
Ардагъуйы ныхæстæ нæма фесты, афтæ къæсæрæй æрбазынд
Армимаз. Айхъуыста бæгъатыры æппæлой ныхæстæ æмæ йын йæ
дзырд айста:
— Рæстытæ дзурыс, Ардагъу, фæлæ уал æз фысымтæн раарфæ
кæйон, æндæра куы фæхъыг уой, уæд нæ доны былæй æнæдонæй
аздахдзысты... Гъе, æмæ уыл уæ бонтæ дзæбæхæй цæуæнт, нæ
хорз фысымтæ!..
338
— Арфæгонд фæу, дæ арт макуы æрнымæг уæд, де ’ндон ма-
куы равидийæд, нæртон дунейæн Куырдалæгоны бæсты фæцу! —
зæрдæргьæвдæй нымайы Алафарн. Хъæлдзæг у йæ зæрдæ, йæ
уарзон адæм йæ хæдзары кæй бамбырд сты, уымæй. Фыдбылыз-
тæ сарæх сты а дунейы æмæ сæ хъазæн ныхас дæр нал куры зæр-
дæ, иууыл — маст æмæ æрдиаг. Лæджы уд уыцы иударон тыхст
æмæ уырыдæн цас хъуамæ фæбыхса?.. Ныр та мæнæ амбырд сты
æмæ хъазæн ныхæстæй уæддæр кæд барæвдауиккой сæ удтæ...
Фынгыл иу-цасдæр хъæлдзæгæй абадтысты фысым æмæ уаз-
джытæ, фæлæ Алафарн ахъуыды кодта, ацы фыдаз чи аивгъуыд-
та, уыдон ном куынæ ссарæм, уæд раст нæ уыдзæн æмæ æрын-
къард ис. Уазджытæ дæр бамбæрстой сæ фысымы фæнд æмæ ныс-
сабыр сты. Сырдоны нæ фæндыд йæ бинонты мастмæ ныккæсын
адæмы раз, афтæ зæгъдзысты, фынгыл дæр æрмæст йæ уды хъæд-
гомыл у, фæлæ дзургæ ницы скодта.
— Фыдбылызты заман ныккодта нæ уæзæгыл, фæлæ цы кæ-
нæм? Чи зоны, æмбисонд раст зæгъы: арв дæр бæрзонд бæласыл
йæ тых æвзары, къудзи æрцæвын йæ сæрмæ нæ хæссы... Сырдон,
дæуыл дзы æвирхъау цæф сæмбæлд, фæлæ быхс, ды не ’ппæтæй
фидардæр дæ уд æмæ зондæй, æмæ хъæц... Чи ацыд ацы дунейæ,
иууылдæр рухс дзæнæты бадæнт!.. Фаг нын у! Нæ фыдбылызы аз
рæстырдæм ивæны райдиан цы фæуа адæмæн, уый амонд сæ уæд!..
Кувы Алафарн æмæ йæм хъусгæ зæрдиагæй кæнынц, фæлæ
хъуыды алчи дæр йæхирдыгонау кæны. Армимазæн йæ зæрдыл
фыццаг Хæмыц æмæ Сосланы мæлæт æрлæууыд. Мæлæтыл цин
ничи кæны, фæлæ сыл йæ миднымæр мæнæ тынг дæр нæ фæрыст.
Схъæл æмæ фыдуаг лæгтæ уыдысты хиуæтты ’хсæн, æддагæтти-
мæ та — иууыл хылыл лæуд. Сæ фыдбылыз сæ разæй цыди...
Ардагъу-уæйыг æргом фæради Сосланы мæлæтыл. Йæ зæр-
дæхсайд ын кæд фæкъахыр кодта Алафарн йæ нымайаг зондæй,
уæддæр ын æй бынтон нæ басаста. Йæ зæрдæйы рæбын уæддæр
Уырызмæджы кæстæртæм хаста маст æмæ ныр иугæр Хæмыц æмæ
Сослан нал сты, уæд Уырызмæг дæр йæ раны ис... Уымæй дард-
дæр ма цы уыдзæн, уый нæ ахсы йæ зонд, йæ цæсты рухс куыд
нал уыны дунейы дзыхъхъытæ-къуыппытæ, афтæ йæ зонды тых
дæр не ’ххæссы адæмы царды æмбæхст æмæ талынг къуымтæм...
Сырдон дæр æнкъардæй хъусы æмæ йе ’мгæрттæ афтæ æн-
хъæлынц, йæ сæфт хъæбултыл сагъæс кæны. Сырдоны зæрдæ та
ногæй дзуры йæ фыды фæдзæхстимæ: «Бафид уарзондзинад æмæ
зонды æхсарæй дæ азым нæртон адæмы раз! Ма сæ ныууадз иунæ-
гæй, æвирхъау фыдæвзарæны!..» Цы ма уыдзæн уыцы æвирхъау?..
Мæ фыд цыдæр развæлгъау зоны, цæудзæн цыдæр æнамонддзи-
339
над нартыл, фæлæ цы уа, стæй уымæй дæр æвирхъау?.. Цыма
нырмæйы фыдбылызтæ ницы уыдысты... Цавæр æвирхъау ма хъуа-
мæ уа, мæ фыд афтæ тыхстæй кæуыл дзырдта, тызмæг æмæ кæ-
уынхъæлæсæй?.. Æвæццæгæн, дунейыл чи нæма ’рцыд, ахæм цы-
дæр уыдзæн, фæлæ цы уа?.. Æрцог фыдбылызтæ Сырдоны сæ-
рыл æртыхстысты фылдæр-фылдæры, фæлæ йæ уыдон уый бæрц
нал æндæвтой, — фесты, батыдта сæ, бафæрæзта сын, нæ йæ ба-
домдтой! — фæлæ ныр цы уыдзæн, цавæр æвирхъау ма сæм додой
кæны, — уый рафæлгъауынмæ тырны Сырдоны хъуыды, фæлæ
йын ницы ’нтысы æмæ тыхсы. Афтæмæй йын дзурæн дæр ницы ис,
искæй раз æбæрæг тасыл дзур, уый худинаг у. Искæй дæр ма цы
стæрсын кæнай, æндæр дзы ницы рауайдзæн... Цы уа уæддæр, цы?!
Алафарн аивæй йæ цæст дардта Сырдоны цæсгоммæ æмæ йæ-
хицæн скарста: йæ зæрдæ йын истæмæй барæвдауын хъæуы... Не
’фсинимæ цы сфæнд кодтам, уый йын ацы уарзон адæмы раз ра-
дзурон, хуыздæр фадат мын никуы фæуыдзæн, стæй уыдон цур
кæд сразы уаид, науæд иунæгæй «нæ» куы сфæраза, уæд йæхи
нал басæтдзæн...
— Мæ хорз уазджытæ, мæ иударон ныхæстæ æмæ уæ мæ къæ-
рис фынгæй сфæлмæцын кодтон, фæлæ мæ ма рахъаст кæнут...
— Хъаст ма чи ракæна, уый хъæстаг фод йæхæдæг! — нал фæ-
лæууыд æргомдзырд Ардагъу. — Мæ фыдыстæн, ахæм хæбиз-
джынтæ Алæгаты стыр куывды дæр стæм хатт вæййы, стæй уымæй
дæр æрмæст Хуагомы раз, иннæтæ сæм сæ былтæ асдæр-асдæр
фæкæнынц...
— Мæ каисты мын ма ’фхæр, уæйыг, ды сæ куыд хоныс, афтæ
’лгъин не сты, — Сырдоны æфсон фæци йе ’рхуым уагæй фервæ-
зынæн.
— Æлгъин та, фæлæ... — дзуапп хъуамæ радтаид Ардагъу, фæлæ
Алафарн кувынæввонг æркодта йæхи æмæ Армимаз йæ рæм-
бынкъæдзæй сындæг басхуыста куырмы фарс, ома фæуадз дæ
ныхас æмæ уый дæр фæлæууыд.
— Мæ хорз æмгæрттæ, — рæвдаугæ хъæлæсæй бадзырдта Ала-
фарн йæ уазджытæм. — Ацы фыдбылызты заманы иууыл фылдæр
маст æмæ фыдæбон Сырдонмæ æрхаудта. Нæ фæдисы лæг æмæ
нæ уынаффæйы сæр уый уыди, йæхицæй мачи раппæлæд... Фæлæ
афтæ рауад хабар æмæ ныр алчи дæр йæ царды кой кæны, Сыр-
донтанын иунæгæй æмæ рохы аззад... Уый мæнмæрастнæ кæсы...
Раст у, æз ын йæ хуымы гæппæлтæ бадзæппытæ кодтон, фæлæ
уый дæр фылдæр мæхи пайдайæн... Ацы быдзытæ мын æгæр сби-
рæ сты æмæ сæ хæссын мæ хуызæн цыбыркъух лæгæн зын у...
Гъе, æмæ не ’фсинимæ ныффæнд кодтам — иу дзы Сырдонæн
340
ныллæвар кæнæм æмæ нын æй хæсса!.. Хины фæнд у, æцæг.
Мæнæн пайдайы фæнд, фæлæ цыма Сырдонæн дæр исты ахъаз
фæуыдзæн, афтæ мæм кæсы... Мæнæ мын иу цъæх чызг ис, ныр
цумахъом фæци, хæдзары зылдтытæ йын йæ мад рагæй амоны
æмæ сыл фæцахуыр... Гъе, æмæ-иу Сырдон искуыцæй куы ’рцæуа,
уæд йæ хæдзар хъæрмартæй уæддæр æййафдзæн.
Зонын æй, сывæллон даринаг у, фæлæ Сырдоны зæххы гæп-
пæлтæ дыууæ удыл аххæсдзысты, мæнæн та мæ арм фæрогдæр
уыдзæн æмæ ма æмгар уæдæ цæмæн вæййы?..
Алафарн дзургæ се ’ппæтмæ кодта, фæлæ йæ цæст та Сырдон-
мæ дардта: сразы уыдзæн æви нæ?.. Сырдоны цæсгомыл æваст
цины рухс фæзынд, фæлæ æвиппайды ахуыссыд æмæ æрхуым
цæсгом ныттар...
— Мæ цыбыр зондæй хорз хъуыды у дæ фæнд, æцæг лæджы
хъуыды!..— зæрдиагæй сдзырдта Армимаз. — Ноджы ма мæнæн
дæр куы радтис дæ лæппутæй астæуккаджы, уæд та ноджы хуыз-
дæр уаид. Æдзух мæ уæлхъус лæууы, куынцы хæцæнæй йæ къух
нæ исы æмæ ма йæ цы хицæн кæныс? Мæхæдæг цы зонын, уый
йын бацамондзынæн æмæ нæртон адæмæн, чи зоны, фæрныг Куыр-
далæгон басгуыха ацы хатт...
Алафарн æвиппайды ацахста: Армимазы фæндон ын Сырдоны
басæггынæн фæахъаз уыдзæн! — Æмæ цыма фыццаг фæхъуыдыйыл,
стæй йæ дзырд сындæггай, тæбын æлвисæгау, адаргъ кодта:
— Уый, йедау макуы фæу, фæлæ мыл адæм сæхи худæгæй
схæсдзысты: мæнæй уыйæн йæ бон йæ быллæгъты дарын нал
уыди æмæ сæ байуæрста!.. Нæ, лæппу уæлдай мæнмæ нæй, фæлæ
дæ кæд æндæр фæрæз нал и, уæд уыцы галиу уæддæр бон изæр-
мæ дæ хуыггомæй æддæмæ нæ кæсы æмæ дын æй æххуырсты
дæттын, æрмæст Сырдон дæр хъуамæ сразы уа, науæд уæ иуæн
дæр — дур йæ гуыбыны æмæ — иннæмæн дæр...
Ныр хъуыддаг Сырдонæй аразгæ кæй у, уый цы базонын хъуыд.
Армимаз йæ зæрдиаг фæнд кæй ранымадта, уый дæр зыдта Сыр-
дон æмæ разы уыд Алафарны ныхасæй: стыр цины сæр уыдзæн
саби лæппу Армимазы зæрдæйæн, йæ иунæг удæн!.. Фæлæ цы
кæна йæхæдæг, куыд сразы уа?..
— Сфæнд мыл кодтат дыууæйæ, ме ’мгæрттæ æмæ уый хорз
нæу, — сабыргай райдыдта Сырдон, цыма йæ миднымæр сагъæс
кодта. — Армимазы хъуыддаг мæм хорз кæсы. Саби йыл сахуыр
æмæ йемæ куы уа æдзух, уæд дзы лæг рацæудзæн... Рагæй уын
зæгъинаг уыдтæн: кæд нарт стут, уæд иу цалдæр сабийы раттут
ахуырмæ ацы æфсæнарм лæгмæ æмæ сæ ахъазы лæгтæ рацæуа.
Ныр кæд уыцы хъуыды Армимазæн йæхимæ æрцыд, уæд сразы у
341
ды дæр, Алафарн... Мæн тыххæй та уæхи дзæгъæлы тыхсын кæ-
нут, æз истытæ кæндзынæн, чысылæй фæстæмæ иунæг дæн, æр-
хæссæггаг мын куы бафидис кодтой фыццаг хатт, уæдæй фæстæ-
мæ... Цы кæнон, æндæр амонд мæм не ’рхауд... Фари, ардæм ма
рауай, — бадзырдта Сырдон Алафарны иунæг чызгмæ. — Æццæй,
хæдзары митæ базыдтай иууылдæр?
Чызг ныгъуылдтытæгæнгæ бацыд Сырдоны фарсмæ. Уый йын
йæ арм æрхаста йæ лæгьзфаст бурдзалыг дзыккутыл æмæ йæ йæ
дæларм æрбакодта. Чызг ныфсæрм, афтæмæй ныллæг хъæлæсæй,
йæхицæн дзурæгау ранымадта:
— Гыцци мын цы бацамыдта, уыдон базыдтон...
— Хуыздæр фæу, мæ чызг! — уынгæг хъæлæсæй сдзырдта
Сырдон. — Дæ мад æмæ дæ фыды кæм бафæндыд, уым нырæй
фæстæмæ мæ чызг дæр уыдзынæ. Мæ хæдзар кæм ис, уый зоныс.
Райсомæй изæрмæ дæ кæддæриддæр фæнда, бацу-иу уырдæм...
Ма тæрс, æфснаинаг дзы бирæ ницы ис, фæлæ дзы уæддæр исты
кусинæгтæ разындзæн... Ма фæтæрс уымæй дæр. Хъазынмæ дæ
кæд фæнда, уæд цу... Хæдзармæ йæ цæст чи дара, уый дзы ис.
Дæлæ дуармæ хуыссы æмæ уал уыимæ кæрæдзи зæрдæ ссарут,
Фатакуйæ зæгъын. Стæй дæ уый хорзæх куы уа, уæд дæ хъул
атылди... Цу, мæ хур, ахъаз йемæ æмæ дæ бауарза...
Саби дуармæ, Фатакуй лæппутимæ кæм хъазыд, уырдæм ахызт,
æмæ уæд Сырдон баздæхт йе ’мгартæм:
— Алафарн, бадзырдтам афтæ: чызг бон уыдзæн хæдзары, куы
йæ фæнда, уæд. Сымахæй йæм уайдзæф куыд никуы ’рхауа, афтæ.
Дæу æмæ йæ мадæй зæгъын... Ныр мæ чызг кæм у, уым уайдзæф-
гæнæг æз уыдзынæн, сымах нæ!.. Буц æй дарон æви нæмгæ, уый
мæ бар у, æрмæст мæ бар... Искуы йæ чындзы куы ’рвитон, уæд
та сиахсæвзарæг — æз, ирæдисæг — сымах... Иу тас ис мæ зæр-
дæйы рæбын æмæ уын уый дæр хъуамæ зæгъон: нæ фæдæн æз
амонды лæг æмæ сабимæ исты схъис куы ’рхауа мæ нывæй, уымæй
тæрсын... Фæлæ-иу мын уæд ныггæдзæ кæнут... Иу хабар ма...
Хуымты цы ’рзайа, уый бафснайдзынæ ды, Алафарн... Стæй-иу
дзы æз æмæ Фарийæн дæр кæд исты фæхай кæнат, уæд хорз.
Науæд дæр исты амалтæ кæндзыстæм... А, æндæр ма дын цы са-
разон, арты ’лдар?.. — бадзырдта Армимазмæ æмæ йæ цæсгом
бахудызмæл.
Алафарны зæрдæ барухс, йæ фæнд кæй ацыд, уымæй. Фæн-
дыдис ма йæ исты зæгъын хуымты тыххæй, фæлæ быцæуыл нал
схаёцыд — цы уа, уый уæд!..
— Цæй, цæуыл бадзырдтам, уый хæрзиуæджы райдиан фод не
’ппæтæн дæр. Чи йæ фехъуса æмæ æхсызгон кæмæн уа, — йæ
342
цæрæнбон бирæ!.. Бузныг, Армимаз, де ’рхъуыдыйæ! Ды нæ уыд-
тæ, уæд Сырдон исты ’фсæнттæ нымадтаид æмæ йыл ныхасæй
кæм фæтых уыдаин... Мæ кæстæрты дын иууылдæр радтин фыр
цинæй, фæлæ дæхæдæг дæр мæнæ цæрæг лæг нæ дæ... Цæй, фæл-
тау уал сæ мæхицæн фæуадзон. Бузныг уе ’ххуысæй, мæ уазджы-
тæ! Ацы хорз никуы ферох кæндзынæн. Мæ уд мын барæвдыдтат
уæ разыйы дзырдæй æмæ бузныг!..
— Рæвдаугæ нæ ды бакодтай, æлыгхор, æмæ дын цы хорзы
бацæуæм мах та?.. — дзуры Армимаз. — Мæнæ кæд исты дзæбæх
дзаума саразын мæ къухы бафта, уæд дзы хай уыдзæн дæуæн дæр,
æндæр ницы ис мæ армы, æвзалы æмæ æфсæйнагæй цæрын...
— Фæрнæй хæр де ’взалы, — хъазы Алафарн, — фæлæ хорз
дзаумайыл мах уæлæхох никуы уыдыстæм æмæ йæ ныр дæр ба-
комдзыстæм...
— Ехх, цы загъдæуа мæ амондæн! — ныуулæфыд Ардагъу. —
Æз не схæссин дæс сабийы дæр, мæ цонгвыдтæ сын уæддæр хæ-
рын кæнин, фæлæ цы кæнон — мæхæдæг даринаг!.. Куырм лæг
къуыдырæй дæр æвзæрдæр у, — уый ма бадынæн бæззы, æз та?..
Уæдæй нырмæ уæм хъусын æмæ хæлæг кæнын ацы дыууæ цæст-
джын иунæгмæ... Ныр иунæг нал уыдзысты, æз та адзалы бонмæ
иунæгæй тондзынæн мæ талынг цæрæнбон...
Сырдоны зæрдæ ныккæрзыдта: ай, æцæг, мæгуырдæр куы у
æкæ æз мæхи дзæгъæлы куы стæригъæддаг кодтон!..
— Раст зæгъыс, уæйыг, фæлæ ма уый дæр у нымаинаг: дæуæн
ницы у сабитæн дæ бон, арвы рухс дыл баталынг æмæ цы кæнай,
фæлæ æз цæсты рухсæй æххæст куы дæн æмæ сын афтæмæй куы
ницы у мæ бон, уæд цы кæнон?.. Тæхуды, исты ахъаз куы фæуин,
нæртон хъæуты цы сабитæ рæзы, уыдонæн се ’ппæтæн дæр!.. Фæлæ
ды мæ бон у?.. Мæ уæлæфтауы бызгъуыр дæр сын радтин; дæхи
загъдау, мæ цонгвыдтæ сын хæрынмæ бæззынц — ууыл дæр разы!..
Фæлæ цы ис ахæм ныхæстæй дæр? Ницы...
— Хорз адæм кæм стут, уым ма уын иу фæндиаг хъуамæ зæ-
гъон... Фæрныгимæ бадзырдтам: куывд скæнæм, фарон чынты
абырджыты ных;мæ хæсты цы лæппутæ фæхъуыд, уыдон номыл...
Хист нæ, фæлæ куывд — сывæллæтты куывд!.. Фыццаджыдæр
сидзæр сывæллæтты куывд... Уым, куывды ныллæууæм ахæм
иумæйаг фæндоныл: абонæй фæстæмæ нæртон бæстыл цы сидзæр
сабитæ ис, уыдон нымад цæуæнт иумæйаг хъæбултыл æмæ сын
алчидæр æххуыс кæнæд, кæмæн цы æмæ цæмæй йæ бон у, уымæй.
Уыцы æххуыс цæуæд иумæйаг къæбицмæ æмæ стæй æвзæрст лæг-
ты къухæй дих цæуæд сидзæртыл æмхуызон, хъулон ми дзы куыд
нæ уа, афтæ... Фæрныг мын сразы, куывдæн иу гал æмæ дыууæ
343
фыры рауæлдай кæндзæн... Фæлæ йæ аразæм? Кæд уын фæндон
у, уæд æй кæд саразæм æмæ йæм кæй æрхонæм?..
— Зæххы ардыстæн, стыр зонды лæг разындтæ! — йæ цин фæгь-
æлланг кодта Ардагъу. — Аразын хъæуы æнæмæнг ахæм куывд!..
— Хорз фæнд у, — æрæджиау загъта Армимаз, — фæлæ бæстон
нымаинаг... Нартыл бирæ фыдбылызтæ æрцыд æмæ куывд хъыг
куы фæкæса зиæнтты хицæуттæм?..
— Уыдис ацы хабар нæ нымады дæр, — сразы Алафарн, —
фæлæ загътам: иууыл хистытыл куы суой нарт, уæд дæр хорз нæ
уыдзæн... Кæуынæй никæй раздахдзыстæм йæ мæрдонвæндагæй...
Удæгас та уæддæр мардæй хистæр у, — ахæм зонд баззад фыдæл-
тæй... Гъе, æмæ хорз уаид, нæ сабиты зæрдæ чысыл истæмæй куы
барæвдауиккам, иууыл сæ хъарæг æмæ хисты хъуыдыйыл куы нæ
дариккам...
— Рæстытæ нымайут, фæлæ иу фæндмæ куы ’рцæуиккам, уæд
хуыздæр уаид, — фидауын кæны дыууæ хъуыдыйы Сырдон. —
Куывд, зæгъгæ, уæд мах мыккаг схъæлсæр адæм сты æмæ зæгъ-
дзысты: нæ хуыздæртæ нал сты æмæ ныл фæрадысты... Фæлæ
иууыл уыдон фæндæй цæрæм, уый дæр раст нæу... Адæмы саби-
тæ цы кодтой? Иууыл хъуамæ сæ зæрдæтæм хъусыныл уой, сæ
адзал сæ кæд æрыййафдзæн, ууыл хъуыды кæной? Нæу уый дæр
раст, стыр фыдбылызы райдиан у... Нæй адæмæн æдзух сæ зæр-
дæмæ хъусынæй цæрæн, лæджы уд уæд, комыссад цыргъагау,
уысммæ ихсийы... Фæлæ уæддæр афтæ бакæнæм æмæ нæм куыд
ничи фæхъыг уа, нæ хæрзиуæг нын тæлммæ куыд ничи айса...
— Раст зæгъыс, фæлæ йæ куыд бакæнæм? — фæрсы Алафарн.
— Бæлвырд ницы ахсы мæ зонд, фæлæ, чи зоны, хуыздæр
уаид, мæнæ Алæгатæ сæ бирæ бæрæгбонтæй иу фæззæджы рай-
диан фæкæнынц, хуымгæрдæны размæ. Ныр æм, æнхъæл дæн,
бирæ нал ис, æмæ йæ уæдмæ куы сæмгъуыд кæниккам... Ома,
хицæн куывд нæ кæнæм, фæлæ Хуагомы дзаджджын фынгмæ са-
биты чи уадзы?.. Мах та уыдон кой бакæнæм!.. Хистæртæ Хуа-
гоммæ бадæнт, мах та — саби фæсивæдимæ хицæнæй. Мах дæр —
Хуыцаумæ кувæг адæм, сабиты дæр, куывды цы чындæуы, ууыл
ардауæм. Æцæг, хъуыдиаг у, хистæртæ уым кæй нæ уыдзысты,
афтæ куы зæгъой: мах уынаффæйы нæ фестæм æмæ искæй фæн-
диæгтæ кæныныл не сбукъ уыдзыстæм!.. Фæлæ уымæн дæр ницы
у, иугæр саби фæсивæд куы ныллæууой рæстаг æгъдау кæныныл,
уæдма хистæртæ дæр кæдæм фæлидздзысты?..
— Мæнмæ дзæбæх кæсы дæ фæнд, Æхсары фырт, — фæрухс
Алафарны зæрдæ, — фæлæ ма иннæты дæр, уæлдайдæр Фæрны-
344
джы, афæрсын хъæуы... Сымах та цы зæгъут?.. — фæзылд Ар-
дагьумæ.
— Цы зæгъæм?.. Кæд афтæ рауайа хабар, уæд нæм хъуамæ
мачи фæхъыг уа?.. — нымайы Армимаз. — Уырызмæг зианджын-
тæн сæ фыццаг у æмæ уый дæр Хуагомы фынгыл баддзæн... Чи
ма хъуамæ фæхъыг уа нæ куывдмæ?..
— Иу нымаинаг ма дзы ис æмæ уый æз мæхимæ исын, — фæ-
рæвдз дзуапмæ Сырдон. — Развæлгъау зонын хъæуы: чи сты си-
дзæртæ æмæ цал. Нæ сæ æвзардзыстæм мыккагæй — иууылдæр
иумæйаг сты сабитæ не ’ппæтæн. «Мæнæн та ма дзы цы ис...» —
бауынгæг Сырдоны зæрдæ, фæлæ аныхъуырдта йæ маст, — æмæ
сæ зонын хъæуы иугай, сæ нæмттæй. Алкæмæ дæр йæ мад æмæ
йæ фыд цы номæй дзырдта, уымæй... Сидзæры номæй дзурæн
сæм нæй. Кæд искæй æцæг рæвдауыс, уæд йæ мад-йæ фыдау.
Науæд цыма дæ хæрзиуæг искæй цæстмæ кæныс, афтæ цæуы.
Æмæ уый худинаг у...
— Гъе, æмæ хуыздæр фæу, лæппу, — æнтъыснæгæй бадзырдта
Алафарн. Уый фæхатыд, Сырдон ацы хъуыдымæ йæхи сабиты
мастæй кæй æрцыд, йæ зæрдæ адæмы сабиты маст дæр уыдон
æнамонды фæстæ тынгдæр кæй исы æмæ йын иуæй зын уыд, ин-
нæмæй та æхсызгон: хорз зæрдæ йын ис, искæй мæтыл риссаг
зæрдæ, æппæт æвзарæг æмæ нымайæг зæрдæ...
— Раст зæгъыс, Сырдон, — барухс Армимазы зæрдæ дæр. —
Лæгæн исты хорзы цæуыс, уæд мад-фыды рæвдыдау хъуамæ уа,
йæ уды иуиæг дзы куыд ферох уа... Уый нæй, уæд дын дæ хорз
цæстмæ мимæ айсдзæн æфхæрд лæг.
— Хорз, ууыл мауал дзурæм, — айста ныхас Сырдон. Хорз æм
нал фæкаст йæ фæндон æргом кæй загъта, уый — иннæтæн æф-
хæрды хуызæн у. — Уый æз бакæндзынæн, фæлæ сабитæн исты
куы радтиккам зæрдылдарынæн, уæд куыд уаид?.. Ахъуыды кæ-
нæм ууыл дæр, стæй нæ фынгыл цы уыдзæн, уый фæдыл дæр.
Кусæрттагæй дарддæр ма дзы истытæ хъæудзæн... Алафарн, ды
Ардагъуимæ куы азилис, æфсинтæй дзагармдæр чи у, уыдоныл,
æмæ куы бауынаффæ кæиис семæ. Æфсинты зонд дзы куы нæ уа
йæ райдианæй, уæд ницы бакæндзыстæм... Æз æмæ Армимаз та
иннæ хабæрттыл асагъæс кæндзыстæм, чи зоны, исты рæстмæ хъуы-
ды ратæдза махæй дæр... О, хæдæгай, уемæ ма баиу кæнут Фæр-
ныджы дæр. Уадз æмæ нымайа, — уый зонд æмæ æрхъуыды сæй-
раг сты ацы хъуыддаджы! — Уæд зæрдиагдæрæй архайдзæн...
Æмвæнд баисты фысым æмæ уазджытæ. Фынджы ’гъдауæн
ма цалдæр куывды акодтой æмæ стæй фæпырх сты. Алафарн ма
фæур^едта Сырдоны æмæ йын афтæ зæгъы, барджын загъд:
345
— Лæппу, ды кæм æрымысыдтæ сидзæрты номгай-лæггай зо-
нын, уым сыл дæхæдæг азил, æрбæрджытæ сæ кæн, цы дардмæ
ма йæ æргъæвыс?.. Æз та мæнæ чызджы йæ мадимæ бакæндзы-
нæн уæ хæдзармæ, Фатакуйы дæр немæ, æмæ къуымтæ бафснай-
дзысты... Чызг дæр базондзæн, цы йæ кæнын хъæуы, уый йæ
мады амындæй æмæ йын æнцондæр уыдзæн...
— Дæ дзырд фод, — сразы Сырдон æмæ æнкъардæй араст
Фæсхъæуы нартмæ.
* * *
Зыдта Сырдон, чынты ныббырсты фæстæ йæ цонг цы лæппу-
йæн сдзæбæх кодта, уый хæдзар æмæ фыццаг уымæ бацыди. Хæ-
дзары ничи уыд лæппуйы мад æмæ иу чысыл чызгæй дарддæр. Ус
æнхъæл нæ уыд, исчи сæм æрбауайа; хæдзары зылдтытæ нывыл
конд нæма уыдысты æмæ фæкъæмдзæстыг.
— Хатыр бакæ, нæ лæппу, æрбацæуай нæм дæхи къахæй, уый
æнхъæл нæ уыдтæн, æмæ нæ æдзæллагæй æрбаййæфтай...
— Хатыр мын ды бакæн, чындз, — Сырдон дæр æм чындзы но-
мæй бадзырдта, кæд Сæниат кæй хуынди, æмæ Алæгатæй кæй уыди,
уый дæр хорз зыдта, уæддæр. — Раст зæгъыс, рагæй нал абæрæг
кодтон уыцы хъæбатыр лæджы, æмбæлгæ та мыл кодта, фæлæ
тыхстыты фæдæн æмæ мæ нал равдæлд... — Сырдонæн та йæ сывæл-
лæттæ йæ цæсты раз сыстадысты æмæ йæ хъуыр ахгæдта мастæй.
— Зонæм дын дæ мæстытæ, нæ лæппу, — æххуысмæ фæци
Сырдонæн Алæгон. — Мах дæр фердиаг кодтам, æндæр нæ бон
цы у?.. Фæлæ дын уæддæр Хуыцау дæ зæрдæйы хорзæх рад-
тæд!.. Дæ рæстдзинад не ’ппæт дæр зонæм, Хуыцау дæр æй, æвæц-
цæгæн, банымадта æмæ тæригъæдджынты йæ азарæй басыгъта...
Дæуау тыхст фод мæ фыдзæрдæ, фæлæ уæддæр цæрын хъæуы...
Кæд дæхиуыл нал мæт кæныс, уæддæр мах хуызæттыл хъуыды
хъæуы, нæ лæппу... Æз мæнæ къуырма сылыстæг дæн, фæлæ йæ
хатын мæ цыбыр зондæй: адæмы ’хсæн цалынмæ дæ хуызæн ныф-
сы лæгтæ, расты сæрыл дзырдхъом лæгтæ уа, уæдмæ сын сæфæн
нæй... Фæсхъæуы нарты хорз зонын стырæй чысылæй æмæ сæм
хъусаг дæн. Дæ кой сæм арæх вæййы, стæй алцы дæр зонынц æмæ
нымайынц... Афтæ æнхъæлыс, мæнæй рох у, мæ иунæджы мын
мæлæтæй кæй фервæзын кодтай, стæй ма йын йæ дарæг цонг дæр
кæй сдзæбæх кодтай?.. Ныр, мæгуыр, куы цин кæны — мæ цонг,
дам, мæ ницы хъыг дары кусынæн; куы æнкъард ныввæййы, цæн-
куыл лæгæн йæ чызджы чи ратдзæни?..
Сырдон зæрдиагæй хъуыста усы ныхæстæм æмæ йæ фæрсинаг
346
уыд цæмæйдæрты, фæлæ йын лæппуйы кой йæ хъуыды йæхимæ
аздæхта:
— Æмæ дын чындз нæма и? — бафарста Сырдон. — Стæй иунæг
дарæг та цæмæн загътай?..
— Уæдæ цы зæгъон, нæ лæппу, ацы дыууæ сабийы номыл
фæбадтæн, мæ сæры хицау балцы фæцыд Уырызмæгимæ æмæ дзы
нал раздæхт... Йæ мард дæр нæ уæзæгыл нал сæмбæлд... Уæдæй
фæстæмæ мæ цард кæй æндæвта, мæ иунæг уды фыдæбонæй фæ-
хастон мæ сабиты... Хорз у, æмæ лæппу фыййау цæуынхъом
фæци... Хорз у, æмæ йæ дзæгъæлдзу лæгмартæй бахызтай... Стæй
канд уый нæ, иннæты дæр... Мах цыппар ныййарæджы уæдæй
абонмæ дæуæн кувæм, раст Хуыцаумæ кувæгау... Уый дæр ма
зонæм, æмæ нæм фæстаг балцы фосæй цыдæртæ кæй æрхауд, уый
дæр дæ зондæй кæй уыди... Ды нæ фæдæ уым, уæд нарты бæлц-
цон адæммæ сидзæрты æмæ сидзæргæсты кой никуы уыди... Фæс-
хъæуы нарт нымады дæр не сты, уый рагæй афтæ у æмæ йыл
сахуыр стæм... Фæлæ Уæллаг сыхы цы сидзæртæ ис, уыдон дæр
хуыздæр ран не сты...
— Уый æцæг зæгъыс æмæ мæ хъуыдыйы куыд никуы ’рцы-
ди?.. Бæстондæр ма ранымай дæ хорзæхæй... Бирæ сты сидзæртæ
Фæсхъæуы? — къахы Сырдон сидзæргæсы. Иугæр йæхæдæг æр-
кодта сидзæрты кой, уæд æй æфсон фæци.
— Бæстон дзурын дардыл ныхас у, фæлæ дын уый зæгъын мæ
бон у, æмæ æрмæст Фæсхъæуы иу æмæ ссæдз сидзæр хæдзары
ис... Сывæллæттæ — дыууиссæдзæй фылдæр. Æмæ сæ чи хъуыды
кæны?.. Раст у, бирæтæ сæхи сабитыл дæр не ’ххæссынц, фæлæ
йæ цард къахæй ассон-ассон чи кæны, мæнæ Бурæфæрныгау,
уыдонмæ дæр нымады ничи ис... Ды йын æфхæрын цы лæппуйы
нæ бауагътай — йæ мад мын абон дæр дæ кой кодта — уымæн æртæ
хойы ис, зæнæджы хистæр у, æмæ сын цы кæна æнахъом саби?..
Афтæ иннæтæ дæр... Æртæ сыхы хабæрттæ дæхæдæг хуыздæр
зондзынæ... Уым дæр хуыздæйрагæй ницы ис...
— Ацы аз, æнхъæл дæн, уæ хуымтæ сымахæн дæр цыма хорз
æрзадысты, — йæхицæн дзурæгау кæны Сырдон. — Знон æмæ
абон мæ цæст хуымтыл хастон æмæ сæ зæрдæ райы. Чи дзы кæй
у, уый бæстон нæ зонын, фæлæ се ’ппæт дæр зад сты, хъуамæ
зымæджы хъуаг мауал баййафат, и?..
— Фаг та кæм уыдзæн, фæлæ фаронау тыхст нал уыдзыстæм.
Уæд адæм сæ цонджы фыдтæ хæрынмæ æрцыдысты... Æниу æнæ-
лæг хæдзар тыхст у, нæ лæппу, кæддæриддæр... Мæнæ мæ лæппу
æмæ йе ’мбал цы кæндзысты хорæфснайæнты?.. Фосæн дарæны
иунæтæй уадзæн нæй, хуымтæ та афоныл карст не ’рцыдысты,
347
уæд сæ нæмыг зæхмæ фезгъæлдзæн... Гъе, æмæ развæлгьау нæ
уды джитæнтæ цæуынц: зайгæ бæргæ хорз æркодтой, фæлæ сæ
афоныл æфснайын хъæуы, науæд сæ афтид абаддзыстæм...
— Уымæй ма тæрсут, нарты фæсивæдимæ ныхас кодтой хис-
тæртæ æмæ сæм ахæм фæнд ис: ацы фæззæгæй райдайгæйæ, зæр-
диагдæр куысты афонты — хуымгæнæн æмæ хуымгæрдæны —
фыццаг хъуамæ куыст цæуой сидзæргæсты æмæ сидзæрты хуым-
тæ... Мæнмæ хорз фæнд фæкасти æмæ йыл, мæ нымадæй, хъуа-
мæ иууылдæр сразы уой...
— Дæ фарн æй куы зæгъид бæргæ, нæ лæппу! Уый куы бакæ-
никкой, сидзæрты кой дæр-иу исчи куы кæнид, уæд нæ нæ мæ-
гуыр дæр ферох уаид. Уæд нæм хурæй хæдон æмæ зæххæй дза-
быр дæр ницыуал диссаг кæсиккой. Фæлæ æрцæудзæн ахæм ха-
бар?.. А-да-гъа...
— Хистæртæм куыд байхъуыстон, афтæмæй цыма æрцæудзæн,
— ныфс бавæрдта Сырдон æмæ усæн лыстæггай фæнымайын код-
та Фæсхъæуы сидзæрты хабæрттæ. Уытæппæт мæгуыр æмæ æнæ-
рæвдыд адæмы мæтæй, йæ сабиты цахъхъæнты мастæй Сырдоны
зæрдæ ныррæсыд æмæ йæхи мидæг къуырма рыст кодта. Сырдо-
ны нал фæндыд, фæлæ йын гæнæн нал уыд æмæ æрхæндæгæй
хъуыста æнæхъæн хъæубæсты хъæстытæм. Чи зоны, кæд фæуы-
даиккой уыдон нымад, фæлæ иу ахæмы дуар чидæр бахоста æмæ
бадзырдта:
— Ам дæ цы, Алæгон?
— Ам дæн, ам. Мидæмæ рахиз, Бориан!.. — радзырдта Алæгон.
Бориан кæй схуыдта фысым, уый мидæмæ бахызт, йæ фæдыл
байста къæсæры сæрты иу æртæ-цыппар аздзыд сабийы.
— Бахатыр мын кæн, Алæгон, ацы æнæрæгъыдзыд мæ фæдыл
йæхи кæуынæй мардта æмæ ма йын цы кодтаин?.. Сау бон мыл,
уый дæм уазæг куы ис æмæ æз куы ницы зыдтон, — фæкъæмдзæс-
тыг ус, Сырдоны лæугæ куы ауыдта, уæд.
— Мидæмæ рацу, уый Сырдон у, знон дæр ма мын йæ кой куы
кодтай, æрвыл бон ын Хуыцаумæ арфæтæ куы ’рвитыс, гъеныр
саг къæсæрмæ æрцыд æмæ йын сæ йæхицæн зæгъ, — худгæбылæй
дзуры Алæгон.
— Ныууадз ма мæ, цæй арфæтæ зонын...— ноджы ныкъкъæм-
дзæстыг Бориан, фæлæ Сырдон йæ размæ ракъахдзæф кодта, йæ
къух ын райста æмæ уый дæр фæныфсджындæр. Ноджы йæ Сыр-
доны рæвдаугæ цæстæнгас æмæ фæлмæн ныхас æрсабыр кодтой
æмæ уæд бауæндыд:
— Уый нæ сабийы дзыхæй фæдзурын. Уый мын загъта: Фæр-
ныг, дам, мыл уисæй ралæууыд, лидзын дæр, дам, мæ сæрмæ не
348
схастон, аххосджын, дам, уыдтæн — фысы къах, дам, лæдзæджы
цæфæй асастон æмæ ма куыд лыгъдаин. Уый, дам, Сырдон куы
ауыдта, уæд, дам, æм иу гæпп бакодта, йæ цæвæнгарз ын йæ
къухæй стыдта æмæ йæ фехста, йæхиуыл, дам, ын дзыхы ныха-
сæй абырыд. Уæдæй фæстæмæ, дам, мæм Фæрныг йæ цæсты зу-
лæй дæр никуыуал æрбакаст... Гъе, æмæ арфæйаг фæу, æндæр
дын ницы мæ бон у, фæлæ адзалы бонмæ дæу тыххæй Хуыцаумæ
кувæг уыдзынæн... Сидзæр сабийы чи барæвдыдта, йæ сæрыл
дзырдхъом чи у Фæрныджы хуызæн тыхджынтæм дæр....Уый куы
фехъуыстон, уæдæй нырмæ мæ бирæ зынтæ дæр ницæмæуал да-
рын... Иугæр мæгуыр лæджы сæрыл дæр сдзурæг ис, уæд нын
сæфынæй тас нæу! — фæзæгъын мæхицæн æмæ мæ зæрдæ барухс
вæййы...
— Уæ хорзæхæй, сбадут чындзытæ! — бахатыд Сырдон. — Уæ
зæрдиаг ныхæстæй мын мæ зæрдæ афтæ сбуц кодтат, æмæ мæхи-
мæ цыдæр лæджы хуызæн зынын райдыдтон. Мæ бирæ мæстытæ
дæр мæ ферох сты. Хуыцау уыл баузæлæд! Бузныг уæ арфæтæй
дæр... Алæгон, дæ лæппуйæн та бамбарын кæн, кæд рæстмæйы
хъуыддаг исты фæнд кæны, уæд дзурыны сæр кæм бахъæуа, уым
йæ хатæг — мæнæ æз. Цæй, мæн ма хъуыддæгтæ ис æмæ мын
бахатыр кæнут, цæуон.
— Афтæ цæугæ нæу, нæ лæппу. Рæвдз ницæмæй стæм, фæлæ
нын кувгæ уæддæр скæн. Ронджы къопп мын æвæрд у уазæгæн,
мæнмæ та хуыздæр ничи æрбацæудзæн, — æрдавта Алæгон тым-
был фынг, еууы æртæ чысыл дзулы æмæ йæ ронджы къопп. Æцæг,
къопп нæ уыд, фæлæ æдхæцæн хъуырау æмæ йæм Сырдон фем-
дзаст, базыдта йæ — Алафарны конд у. Ус фæхатыд Сырдоны
цымыдис æмæ йæхи рæстытæ кæнынмæ фæци:
— Уый мын Алафарн балæвар кодта. Нæ лæджы æмгар уыди,
къухылхæцæг дæр мын уый фæци æмæ, йæ къухæй цы рацæуы,
уымæй хайджын дæн... Ныфсы лæг у уый дæр...
— Хуыздæр фæуæд! — барухс Сырдоны зæрдæ: æгайтма адæм
зонынц Алафарны хæрзиуæгмæ æмхиц зонды хатт. Æз мæхиуыл
сагъæсы аныгъуылдтæн аццау — цады, уый та адæмæн, йæ бон цы
у, уымæй хæрзиуæджы цæуы æмæ афтæмæй нæ бæлцмондæгтæм
та нымады дæр никуы ис. Алафарн æцгег ныфсы лæг у, раст зæ-
гъыс. Уый алкæмæн дæр хорзы бацæуын фæнды.
— Раст мæн цы фæндыд зæгъын æмæ ме ’взаг кæй нæ карста,
уыдон дзы радзырдтай, нæ лæппу, æмæ хуыздæр фæу!.. Алафар-
ны тыххæй дæ уæлдай бузныг дæн æмæ мын мæ ныуазæн хъуамæ
баназай...
— Баназдзынæн, зондæй мыл фæтых дæ æмæ цы кæнон, —
349
йæхи бакъултæ кодта Сырдон. — Æцæг кувынтæм рæвдз нæ дæн,
уыцы курдиат де ’рвадæлты фæци, фæлæ мæ зæрдиагæй фæнды,
мæнæ дæ хæдзар, дæ бинонтæ арфæйаг куы уаиккат. Рæхджы дæ
лæппуйæн ус куы ’рхонис, дæ чызг та дзæбæх куы байрæзид... Дæ
ном цы хуыйны, мæ чысыл хур, уый мын куынæ загътай? Гъе
стæй ды дæр?
— Борианы чызг Поли хуыйны, мæ уон та — Бурчызг, — ра-
хъæр кодта Алæгон сабиты нæмттæ. — Мæ уон, фæлм мигьы мæйау,
рагæй дæр бурдзалыг уыди æмæ йыл Бурчызджы ном къæндзыйау
ныиныхæсти...
— Дзæбæхæй уын байрæзæнт!.. Уæхи фæндиаг уæнт уæ саби-
тæ иууылдæр! — анызта Сырдон ронджы къус æмæ фæцæуæг.
Цæуы Сырдон Фæсхъæуы иунæг даргь уынгыл æмæ йæ цæст хæссы
хæдзæрттыл, царды бæрджытыл, ныллæг каутæй æмбæрзт кæр-
тытæ æмæ æнæркаст уынгыл. Иуæй-иу рæтты сабитæ лæууынц
дыгай-æртыгæйттæй æмæ хъазынц, куыйтæ дæр бæгъдулæг кæ-
нынц сæ фарсмæ. Хæдзæрттæ ныллæг, хъамылы хъæзæй дывæл-
дах æмбæрзт, фаты бырынкъау. Кæртытæ фылдæр афтид, ранæй
рæтты та уæгъдæппæрст ныллæгдзалх уæрдæттæ æмæ æнæбары
æфсæндзтæ, сæ тæбынгуæттæ сæ фылдæрæн афтид... Уый æдзæл-
ладжы нысан у, — хъуыды кæны Сырдон: — Лæг йæ кусæнгарз
æмæ йæ хæцæнгарзмæ кæсынхъом куы нæ уа, уæд дзы цæй кусæг
æмæ хæцæг лæг и?.. Афтæмæй куыд ис цæрæн, науæд царды тых-
стæй фервæзæн?.. Стыр хъæу, бирæ адæм æмæ дзы иу ахæм нæй,
афтæ сын чи зæгъа: ме ’фсымæртæ, афтæмæй фæндиаг цард ни-
куы уыдзæн, нæ мæгуыры фист никуы азгъæлдзæн!.. Лæджы фыд
хæрынæн нæ бæззы, æргуыбыр кæнут æмæ, нæ уавæры саразæн
цæмæн ис, уый нæхи армæй бакæнæм!.. Ноджы сæ æртæ нарты
дæр дæлдæрæй тонынц æмæ сæ, æвæццæгæн, бауырныдта, ни-
цæййаг кæй сты æмæ сæхи ауагътой... Науæд уый циу?.. Афтæ
цæрын худинаг у!.. Кæд нæхицæй не ’фсæрмы кæнæм, уæд нæ
фидæны адæмæй уæддæр хъæуы аргъуц, уæ бындар фæуат!..
Сырдон фæхатыд, кæимæдæр быцæуыл кæй схæцыд æмæ феф-
сæрмы — сæнттæ цæгъдын райдыдтон!.. Йæ сæрыл схæцыд æмæ
йæ галиу фарс иу кæрты раз ныллæг кауыл æнцойæ уыны чысыл
лæппуйы. Йæ амонæн æнгуылдзтæ йæ дзыхы фæкæны æмæ тынг
ныллæг цыдæр аив æхситтытæ нывæнды. Сырдон æй цыма нæ
уыны, уыйау дары йæхи, цæуы йæ фæндагыл, фæлæ йæм йæ цæс-
ты тигъ дары. «Замманайы аив æхситт кæны!» — ахъуыды кодта
Сырдон æмæ афæнд кодта йемæ аныхас кæнын. Уæдмæ йæ цур-
мæ бахæццæ æмæ лæппу йæ армы тъæпæнтæ йæ фæсчъылдым
амбæхста, цыма уый æхситт кæнын зонгæ дæр нæ кæны, уыйау.
350
Сырдонæн уыцы хин цы базонын хъуыд æмæ йæ мцдбылты ба-
худт, стæй лæппуйы раз æрлæууыд æмæ йæм лыстæджыты æр-
каст. Йæ зæронд нымæтхуды кæрæттæ æрфæлдæхтысты æмæ сæ
аууонæй дзæбæх нæ зынд Сырдонмæ лæппуйы хиндзаст цæсгом.
Сырдоны бафæндыд сабийы цæстытæм бакæсын, фæлæ йын йæ
худ куыд сисын кæна?..
— Дæ бон хорз, æхситгæнаг лæппыз!.. — загьта Сырдон æмæ
бахудт.
Лæппу йæм скаст, базыдта йе ’хситты сусæг кæй рахъæр, фæлæ
йыл ацы лæг худгæ кæны, æви йæ зæрдæмæ фæцыд?.. Сырдон
уарзон лæджы худт кæй кодта, уый лæппуйы зæрдæ базыдта æмæ
фæныфсджын.
— Æгас цу, хорз лæг! — ныллæг хъæлæсæй загъта лæппу дæр.
— Диссаджы лæг дæ! — Сырдон дæр æй лæг рахуыдта æмæ
уый лæппуйы зæрдæмæ фæцыд. — Фыццаг хатт мæ куы уыныс,
уæд хорз дæн, уый куыд базыдтай? — æцæг фæдис кодта Сырдон.
— Фыццаг хатт дæ уынын, уый раст у, фæлæ дæ æвзæр куыд
рахонон, æвзæрæй дæ куы ницы зонын?
— Уый раст зæгъыс, мæ лæппу, — дзуры Сырдон æмæ йæ зæр-
дæ бауынгæг: цæй лæппу ма мын ис!.. — Фæлæ... — дзурын нал
сфæрæзта иудзæвгар, æрмæст лæппумæ уымæлдзæстæй каст æмæ
йæ бæрджытæ кодта: йæ дарæс мæгуырау, фæлæ æхсад æмæ ны-
выл; йæ сау цæстытæ цымыдисæй кæсынц Сырдоны цæстытæм,
æмæ дис кæнынц, æвиппайды цæмæн бамæцъæл сты ацы халас-
зачъе лæджы цæстытæ? Гыцци афтæ куы фæдзуры: лæгыл кæуын
нæ фидауы, мæн дæр куы нæ фæуадзы кæуын.
— Уый раст зæгъыс, мæ лæппу, — ныр зæрдиагæй рахуыдта
сабийы йæ лæппу Сырдон, æргуыбыр æм кодта æмæ йын йæ сау-
нæмыгау тымбыл цæстытæм комкоммæ ныккаст. — Иттæг раст.
Лæгæй цалынмæ æвзæр исты базонай, уæдмæ йæ хорз лæг хъуа-
мæ хонай, стæй уæд цы уа, уыцы номæй йæ хон: æвзæр, уæд —
æвзæр, хорз, уæд — хорз. Ныр у æмæ ма мын дæ ном дæр куы
зæгъис, уæд кæрæдзи хуыздæр базониккам.
— Диссаджы ныхас кæныс, лæджы хорз номæй куыд базон-
дзынæ?.. Уæлæ Годжиты лæппу Æрсой хуыйны, фæлæ йæ æз иу
къухæй абырсын, — раппæлыд саби. — Мæ ном афтæмæй Тæрхъус
хуыйны, — худы лæппу æмæ Сырдон дæр йæ мидбылты худын
райдыдта: ай æцæг дзæбæх лæппу куы у!..
— Ном хорзгæнæг у, зæгъгæ, афтæ куы нæ загътон, — зæрдиа-
гæй дзуры Сырдон. — Фæлæ дыууæ лæджы базонгæ номæй рай-
дайы. Гъеныр ды Тæрхъус хуыйныс æмæ æз абонæй фæстæмæ
зондзынæн: Фæсхъæуы лæппутæй иу Тæрхъус хуыйны æмæ Æр-
351
сойыл дæр тых кæны. Гъе, фæлæ дыл ахæм ном чи сæвæрдта?
Иугæр Æрсойыл тых кæныс, уæд ды хъуамæ Уæйыг хуыйнис!..
— Гыццийы фарстон æмæ уый афтæ зæгъы: дæ фыд, дам, дæ
рахуыдта афтæ, фырбуцæн, — лæппу бынтондæр æрæууæндыд
Сырдоныл.
— Дæ фыд?.. Æмæ ныр кæм и дæ фыд, йæхи йын цæуылнæ
фæрсыс?..
— Мæ фыд кæм ис, уый нæ зонын... Никуы йæ федтон... Гыц-
ци зæгъы: балцы ацыд æмæ нæма ’рыздæхт... Кæд æрцæудзæн,
уый нæ зоны, — цыдæр æнкъардхуызæй нымайы лæппу æмæ Сыр-
дон бамбæрста: сидзæр лæппу ис йæ разы, балц циу, уый чи нæма
зоны, стæй йæ фыд кæй никуыуал æрыздæхдзæн, уый дæр.
— Æрцæудзæн, мæ лæппу, æрцæудзæн дæ фыд, фæлæ ма мын
зæгъ: цал азы дыл цæуы? — Сырдоны фæнды базонын: Уырыз-
мæджы балцытæй искæцыйы бабын лæг æви йыл æндæр исты
бæллæх сæмбæлд.
— Гыцци мын загъта — фондз азы. — Лæппу йæ рахиз армы
æнгуылдзтæ пырхæй равдыста Сырдонмæ.
— Нымайын дæр зоныс?— бадис кодта Сырдон.
— Ме ’нгуылдзты бæрц зонын, æндæр нæма, — къæмдзæсты-
гæй басаст лæппу. Фæлæ мын Гыцци...
— Фæлæуу-ма, — фæразæй Сырдон, — æхситт кæнын дæр дын
Гыцци бацамыдта, дæ Гыцци æппæт дæр зоны? Уæд ма дын æз та
цы бацамонон?
— Нæ, æхситткæнын мæхæдæгбазыдтон... Цы зонинагу, хъæ-
ды цъиутæ дæр ма куы зонынц! Кæд нæ зоныс, уæд дын бацамо-
нон? — фæрсы лæппу.
— Раст куы зæгъон, уæд æхситт кæнын æз дæр зонын. Стæй
æз’ дæр мæргътыл сахуыр дæн, чысылæй, хъæды. Æцæг, ме ’нгуылдз-
тæ мæ дзыхы нал кæнын...
— Уæдæ ма куыд? — ныр та лæппумæ фæкаст диссаг Сырдоны
ныхас.
— Куыд куы зæгъай, уæд мæнæ афтæ, — Сырдон ныллæг ка-
уыл æрбадт, йæ уæлæфтауы æмбæхст дзыппæй систа уагъылыйæ
уадындз.
Сырдоны зæрдыл фыццаг æрбалæууыд йæ иунæджы хъæлæс
афæзмын уадындзæй, фæлæ фæтæригъæд кодта чысыл лæппуйæн:
амæн, æвæццæгæн, йæ зæрдæ æцæг æппæт æнкъары, æмæ йыл
хистæрты сагъæс æфтауын нæ хъæуы. Сырдон ныуулæфыд æмæ
йæ рафæндыд, йæ рагбонты куыд кодта хъæды, афтæ булæмæргъы
къæлæсы-мæлæсы зарæджы уаг афæзмын. Уæд-иу йæ уадындзы
цагъдмæ сыфтæрты ’мбæхст мæргътæ гъæйттæй къуыззиттытæ
352
райдыдтой, ома ныл нæ фæтых уыдзынæ зарынæй!.. Уый уыди,
фæлæ раджы, кæддæр!.. Афардæг сты уыцы бонтæ, мысгæ дæр
ма сæ мæнæ абон æркодта, ацы дзæбæх лæппуйы хынцмæ. «Фе-
рох мæ сты, фæлæ афæлварон, лæппу æнхъæлмæ кæсы æмæ тæ-
ригъæд у, куыд æй фæсайон...» Ногæй та ныуулæфыд Сырдон
хæтæлы æмæ дзы цыдæр райдзаст, цъæхснаг æмæ уырынгтæ-
уырынгтæ зарæджы хъæлæс фæгæпп кодта, иуцъусдуг йæ базыр-
тæ ацагьта лæппуйы цæсты раз, стæй фæпæррæст кодта æмæ уæларв-
мæ сфардæг, уырдыгæй ма хъуыст цыдæр рæсуг æмæ æрхæндæ-
гæй... Стæй та йæхи æруагьта, ныллæджыты ратæх-батæх систа...
Лæппу бандзыгау, æрмæст ма дзагъырдзæстæй каст Сырдоны цæс-
гоммæ, йе ’нгуылдзты ризынмæ уадындзы æрдæг мæйы хуызæн
лыхъхъытыл... Зæрдиагæй ацагъта Сырдон иуцъусдуг, стæй уадын-
дзы хъæлæс бынтон æрныллæг, бынтон адард æмæ атахти быды-
ры æрвгæронмæ...
— Мæ лæппу, уадындзыл та афтæ цæгъдгæ у... Æз дæуау æн-
гуылдзтæй æхситт нал зонын, фæлæ хъæды куы вæййын, уæд мæнæ
афтæ фехситтытæ кæнын.
— Æз афтæ нæ зонын, фæлæ мын кæд бацамонай... — лæгъстæ-
гæнæгау дзуры лæппу, кæд æй тынг ныфс нæй, уæддæр, ома зæ-
ронд лæг мæнмæ кæм æргуыбыр уыдзæн, фæлæ мын уæддæр, чи
зоны, бацамона... Æниу мын хæтæл та кæм уыдзæн?..
— Мæ лæппу, дæуæн амонын ницы хъæуы, ахæм зарджытæ ды
дæхæдæг базондзынæ. Æрмæст афæлвар. Мæнæ дын уый та — мæ
лæвар. Æхситтытæ дзы кæн, фæлæ йæ, æхсигг кæнын чи нæ зоны,
уыцы лæппутæм ма дæтт, барæй дæр дын æй ацъæл кæндзысты...
Дæхицæн куы асæтта, уæд-иу ма хъынцъым кæн, ног та дын са-
раздзынæн, амæй ноджы хуыздæр... Стæй ма æндæр зарджытæ
дæр зонын æмæ дын сæ иууылдæр бацамондзынæн, æрмæст зар,
мæ лæппу, зар, цалынмæ дæ зæрдæ зарын агуры, уæдмæ... Афтæ
у, мæ лæппу, зарын хъæуы... — Сырдоны зæрдæ йæхи къултыл
хоста, йæ хъæбултæ йæ цæсты разæй нал цух кодтой, фæлæ йæ
мастыл ныххæцыд дæндагæй æмæ зæрдиагæй фæдзæхста: — Зар,
мæ лæппу!.. Æз та цæуон, мæн уый бæрц не ’вдæлы, æндæра ма
иумæ ацæгъдиккам.
— Фæлæуу, æмæ мын куы асæтта, уæд ма дæ куыд ссардзы-
нæн? — тыхсы лæппу, æфсæрмы дæр кæны ацы стыр лæгæй, ха-
ласзачъе лæгæй, фæлæ цы кæна...
— Уымæй æнцондæр та цы ис, мæ лæппу... Æниу раст зæгъыс,
мæрдырох мыл бафтыд æмæ дын мæ ном дæр нæма загътон...
Тæрхъус... Нæ, Тæрхъус нæ, æхситт кæнынмæ дæсны кæм дæ,
уым абонæй фæстæмæ уыдзынæ Сидахъ! Хъæды ис иу зараг маргъ,
23 Сырлоиы цæссыгтæ
353
йæ ном сидахъ, æмæ ныр дæ ном уыдзæн Сидахъ!.. Мæн куы
агурай, уæд та-иу бафæрс: ам нарты Сырдон кæм цæры, зæгъгæ...
Нæ дæ ферох уыдзæн?..
— Нæ мæ ферох уыдзæн. Ибонты махмæ бадтысты устытæ,
Гыцциимæ ныхæстæ кодтой æмæ сæм цыдæр Сырдоны кой уыди,
хорз лæг, дам, у!.. Уый кæд дæуæй нæ дзырдтой?..
— Нæ, Сидахъ. Хорз лæг — уый æз нæ дæн, фæлæ Сырдон æз
дæн æмæ-иу мæ бацагур. Æниу дæ æз мæхæдæг дæр нæ ферох
кæндзынæн... Цæй, ныр уал хорзæй баззай, Сидахъ!.. Æз цæуон,
байрæджы мын...
Сырдон лæппуйæн йæ чысыл арм райста æмæ йæ йæ халас
русыл æрхаста, стæй цæхгæр фестад æмæ цæуынмæ фæци... Лæп-
пу бирæ фæкаст Сырдоны фæдыл, стæй куы нал зынд, уæд йæ
дзыхмæ схаста уадындз æмæ фæлварын райдыдта цæгъдын, Сыр-
доны зарæг фæзмын...
* * *
Сырдоны зæрдæ æрæджиау æрынцад йæ сусæг-æргом ниуы-
нæй æмæ уæд йæ хъуыды зилахар райдыдта йæ рагон æмæ æры-
гон цæуæнтыл. «Цæй, мæхи цы буц кæнын, адæм иууылдæр си-
дзæртæ æмæ иунæджытæ куы сты æмæ сæ иу барæвдауæг куы нæ
ис, уæд ма мæ иунæг цы уæлдай диссаг у?.. Науæд атæппæт си-
дзæр сабитæ мæн не сты, кæд исты дæ бон у, уæд сæ барæвдау,
æмæ фервæзой сæ иунæджы тыхстæй, сæ уды æргъæвстæй... Дæхи
кой ныууадз, дæу цы фæци амондæй, уый батыдтай æмæ фæци,
адымдта, йæ фæдыл атутæ кæн æмæ банцай!.. Цы ма дын баззад,
уый мæнæ ацы сидзæртæ, дæуæй хорз æнхъæл чи у, раст лæг,
зонды æмæ дæ ныфсы лæг чи хоны... Барæвдау сæ, сцух сæ кæн
сæ зынæй, уый дæ бон нæу, уæд сын фæкай сæ зынæй иу бындзыг
уæд та... Дæ фæндиаг хорз не сты, нæ дæр æвиппайды схорз уы-
дзысты, фæлæ, чи зоны, ацы тыхы дунейы æгæр хорз дæр ма
сты... Цы диссаг у, тыхы дунейы æдых дæр йæхицæй æдыхдæрыл
йæ хъару кæй æвзары, куы йæм баххæссы, уæд æй хурхæй кæй
мары?.. Цы федта æмæ цы зоны æндæр?.. Æрвон хуыцæуттæ æмæ
зæххон хицæуттæ дæр афтæ куы кæнынц, уæд ма уыдон цæуыл
домыс?.. Ды зоныс хуыздæр фæтк? Кæд сæм баулæфыдтæ æмæ
дын кæд нæ айстой дæ хорз уынаффæ кæнæ дæ уды уарзондзи-
над?.. Саби дæр ма уый куы дзырдта: Сырдоны кой фехъуыстон,
хбрз лæг, дам, у!.. Куы фæкъæмдзæстыг дæ: Сырдон дæн, хорз
лæг нæ дæн!.. Нæ дæ? Æмæ ысу, бафæраз, бафæлвар! Зын у?
Мæнæй ма! Фæлæ бафæлвар, ратт сæм дæ зæрдæ, уадз æмæ йæ
354
баууилæнт, уæддæр ма дзы исты аззайдзæн а зæххыл, — бæх кæм
стулы, уым ма æрду аззайы!.. Уый йæ рæзтæ ’хсæдынæн æрымы-
сыд зондджын, фæлæ хиуарзон лæг: хорзы ма бацу æмæ фыд ма
ссарай!.. Гæды ныхæстæ!.. Хорзы бацæуын кæй нæ фæнды, уы-
мæн — рæсугъд æфсон!.. Фæлтау адæмы æргæвд, цыфыддæр митæ
сын кæн æмæ сæрыстырæй дзур: фыд ракæн æмæ хорз ссарай!..
Фæлдыст лæджы ныхас!.. Фысæй сæныкк нæ гуыры, фыдæй та —
хорз!.. Мæнгард зæндтæ сты уыдон!.. Растдæр у иннæрдæм ны-
майын: ницы сæфы а дунейыл — нæдæр фыдракæнд, нæдæр хæр-
зиуæг... Фыдбылыз фыд лæгæй рацæуы, хæрзиуæгта хæрзæгæй...
Æндæр ын никуыцæй ис рантысæн... Раст мын зæгъы мæ фыд:
нæртон дзыллæйæ фæдæ æмæ сæм цу, дæхи сæ ма лас, уарзондзи-
надæй æмæ сын раст зонды тыхæй балæггад кæн!.. Хорз ма ра-
кæн! — уый хин лæг æрымысыд, йæхи раст кæнынæн!.. Мæн нæ
хъæуы ахæм зонд, йæ фæдыл сабийы къахдзæф дæр нæ акæндзы-
нæн!.. Фæлтау мæнæ ацы сидзæртæн æхистгæнæнтæ араздзынæн
æмæ уый бирæ ахъаздæр уыдзæн лæджы удæн цардивæны...
Чи зоны, сабитæ дарой сæ зæрдыл ацы чысыл рæвдыд æмæ
сæхæдæг дæр рæвдздæр уой искæй барæвдауынмæ, æлгъиндæр —
искæй бафхæрынмæ... Хистæрты зонд, чи зоны, нал раива, æниу
уыдон дæр цы кодтой?... Кæд сæ чи æфтыдта хуыздæр зондыл
æмæ кæд нæ бакастысты йæ коммæ?.. Искæуыл худынмæ, искæй
афхæрынмæ зæрдæргъæвд стæм, фæлæ уыцы искæмæн йæ хорз
бамбарын кæй æмæ кæд бафæндыд?.. Никуы уыд ахæм фæнд мæ
зæрдæйы рæбын дæр æмæ цы раппæлон?.. Алчидæр æрмæст йæхи
кой кæны, æмæ йæ мардæрцыд уый у... Йæхиуыл та мыст дæр
мæт кæны, йе ’вæрæнтæ афæдзæй афæдзмæйы фаг вæййынц!..
Гъе, æмæ мысты зондæй уæлдæр чи нæу, уымæй хæрзиуджытæ
дом!.. Раст зæгъы мæ фыд: ды уарз дæхи удæй, хæрзиуæг аразы-
ныл у, стæй уæд иннæтæ дæр кæнæ дæу фæзмдзысты, кæнæ сæм
сдзырдхъом уыдзынæ... Æндæр ницы ис ацы дунейыл, лæджы уд
цæмæй батæфса, ахæмæй. Ихуазал у адæмы дуне æмæ дзы ба-
сийы лæджы уд... Чи йæ батавдзæн, хур дæр ыл куы нæ æххæс-
сы, уæд?.. Адæм иууыл иунæджытæ куы сты, мæнау, куы ничи
сын ис «мæн у!» зæгъæг, уæд цы уыдзысты нырæй фæстæмæ?
Хуыздæр æви фыддæр?.. Фыддæр фæуынæн бир-бирæ гæнæнтæ
ис, хуыздæрæн — иу дæр нæй... Кæд иу стæм лæгты рæстаг удтæ,
æндæр дзы ницы ис, мæнæ Алафарн æмæ Армимазы хуызæн иунæ-
джытæ, фарны рафæлдисонтæ... Æмæ цæй фаг сты, кæуыл ах-
хæсдзысты?.. Уадз æмæ фыццаг иу-дыууæйыл, стæй сын уæд
уыдзæн дун-дунейы фæдонтæ... Уæдæ куыд, нæхи ауадзæм не
’ппæт — ницы нæ бон у фыдвæтк дунейы раз?! Æмæ ма уæд лæ-
355
гæн йæ рафæлдисæг зонд æмæ уды тых цæмæн радта?.. Нæ, мæ
фыд раст зæгъы!..
Сырдон æй зонгæ дæр нæ бакодта, афтæмæй кæд бацыд фæс-
тæмæ Кæрдоджынмæ. Æлыгобауы бæлæсты зилаччытæ куы суыд-
та, уæд йæ сагъæстæй фæиппæрд æмæ иу кæрдойы бын æрбадт,
зæнгмæ бахаста йæ фæсонтæ æмæ æрхуым, фæлæ æвæлмасæй каст
йæ бинонты уæлмæрдмæ. Ацы хатт йæ зæрдæ нал сниудта раздæ-
рау ингæны уындæй. Ныр йæ зæрдæйы бацыд канд йæхи сабиты
уарзондзинад нæ, фæлæ ма нæртон дунейы сидзæрты уарзон дæр
æмæ йæ ниуынмæ нал æвдæлд. Иунæг нал уыд, йе ’дзард сабиты
уарзондзинад бафтыд удæгас сидзæрты мастыл æмæ Сырдон цы-
дæр ног мæтыл уыд абон: ныр йæ зæрдæ хъуамæ аххæсса нарты
сидзæртæн се ’ппæтыл дæр, раст цыма, удæгас сидзæртæ йæхи
хъæбулты цагъды уæлдæйттæ уыдысты, уыйау... Цы хорзы сын
бацæуа, ууыл у ныр йæ тыхст, æдзард сабитæн ницыуал йæ бон у,
удæгæстыл хъæуы мæт кæнын — уыдон мæрдтæй хистæр сты!..
Æмæ æрынцад йæ зæрдæ æвæстаг хъынцъым æмæ ниуынæй.
Раст хуры ныгуылдмæ фæбадт Сырдон Кæрдоджыи æрдузы,
стæй изæрмилтæ тæнæг тар куы байтыдтой тæрфытæ æмæ къуыл-
дымтыл, уæд сфæнд кодта йæ мыккаджы уæлмæрдмæ ссæуын.
Уым ис ныр дыууæ ног ингæны. Сæ иу йæ мады зæнæг Хæмыцы
у, иннæ Сатанайы лæппуйы. Дыууæ дæр йе знæгтæ, йæ тудж-
джын знæгтæ. Фæлæ ма сын æндæр фыддæр цы фена?.. Диссаг
фæкаст Сырдонмæ, ныр уыцы знæгты тыххæй дæр æнæхæрамæй
кæй хъуыды кодта, уый. Куыд тагъд дзы адард сты йæ мард знæг-
тæ?.. Фыдæх нæ, цыдæр тæригъæды бæрджытæ дæр ма хатыд
Сырдон йæ зæрдæйы уагмæ. «Абæрæг хъæуы уæлмæрд, куыд сты
уыдон ингæнтæ та... Сæ цæргæйæ сæ сæртæ бæрзонд хастой, нæр-
тон адæм дæр сæ цыма кадыл дардтой, фæлæ уый тæсмæ уыди.
Ныр сæ тас нал ис æмæ бæрæг уыдзæн, æцæгæй сæм цы зæрдæ
дардтой, уый...»
Сындæггай, йæ къухтæ йæ синтыл æвæрд, афтæмæй цыди
Сырдон, зæронд лæджы иугъæдон цыдæй. Уæлмæрдмæ куы схæц-
цæ, уæд ыл дæрддзæфæй йæ цæст ахаста, ног ингæнтæ кæм сты,
уый базоныны охыл, æмæ иу ран суыдта адæймаджы æндæрг.
«Саударæг ус!» — ныссæххæтт кодта Сырдоны зæрдæ. Ай дын мæ
мæрдты къух, кæд Сатана нæу... Куы мæ фена, уæд хорз нæ уы-
дзæн, зæгъдзæни — ме знæгтыл фæрайынмæ æрбацыдтæн... Фæлæ
цы ми кæны ам?.. Сырдон гуыбыр-гуыбыр йæхи æввахсдæр бай-
ста æмæ иу саггъæд къутæры аууон æрдзуццæг кодта. Саударæг
ус Сатана уыди æцæг дæр. Дурдзавдæй иу ран лæууыд, ингæны
чысыл обауæй йæ цæст нæ иста æмæ фыццаг ницы йæ дзыхæй
356
хауд, стæй уæд иу богъ фæкодта: «Уæ, мæ хъулон хъæбул, куыд
иунæгæй мæ ныууагътай ацы дунейыл?.. Ныр ма куыд мæ къæх-
тыл цæуон, фæхæцæг æмæ мын фæуромæг куынæуал ис!.. Уæ,
мæ иунæг сæры бон, ды кæмæн уыдтæ æмæ ды кæмæн нал дæ!..
Ныр ма мæ уынгæджыбон дæр кæмæ адзурон?!.» Сырдоны зæр-
дæ бауынгæг: хъæбæрзæрдæ ус уыд йæ хо, уый рагæй зыдта, фæлæ
дзы уымæй ницыуал аззад, цыма хуымæтæджы саударæг мад фес-
тад, мæнæ нарты æртæ сыхы дæр æмæ Фæсхъæуы дæр цы сауда-
рæг мадæлтæ ис, уыдонæй сæ иу, æмæ дзыназы, еусар кæны йæ
хъæбулы сæфтыл, йæ иунæг сæры боныл... Айрох сты Сырдонæй
йæ бирæ мæстытæ уыцы уысм, йæ зæрдæйы ма аззад æрмæст тæ-
ригъæд. Уалынмæ хъусы æмæ чысыл дарддæр æндæр ингæны
цурæй райхъуыст лæджы богъ-богъ, æгомыг æрдиаг. Сырдон фес-
тад æмæ акаст уыцы æрдиагмæ. Фалдæр иу æндæр ингæны цур
ныллæг бадти йæ тинты кæрцы Уырызмæг, йæ цæсгом йæ армы
тъæпæнты нытътъыста æмæ богъ-богъ кæны, æнахъом сабийау...
Сырдон йæ цæссыгтæ нал баурæдта, йæ цæстытæ донæй айдзаг
сты æмæ йыл бæстæ аталынг, стæй сæ иу фæцъындæй ралæмæрс-
та æмæ та уæд суыдта Сатанайы дурдзавд æндæрг æмæ Уырыз-
мæджы рухсдзыд фæлгонц чысыл къуыппы хуызæнæй... — Бацæ-
уæн сæм нæй, — ахъуыды кодта Сырдон. — Фæлæ мын аздæхæн
дæр нæй, куы мæ феной, уæд раст нæ уыдзæн, нæ бамбардзысты
ме ’рбацыды сæр...
Ныгъуылдæй бадт Сырдон æмæ хъуыста йæ хойы хъарæг æмæ
йе ’фсымæры æрдиагмæ. Йæ цæссыгтæ басур сты, фæлæ йæ зæр-
дæйы ныммæстæг тæригъæды æнкъарæн: адон ныр мæнæй мæгуыр-
дæр сты, иунæгдæр... Мæнæн ныр утæппæт сидзæртæ — мæ саби-
тæ, адонæн та чи ис?.. Искæй нырмæ дæр сæ сæрмæ никуы хас-
той, уарзондзинадæй никæй зæрдæ ссардтой, тæсмæ сæм цыдыс-
ты, буц сæ дардтой, ныр æдых зæрæдты хъуыды дæр ничиуал
æркæндзæн... Æцæгиунæгныруыдон сты, мæлæты бонмæ иунæг!..
Куы ’рталынг бынтон, уæд Уырызмæг сыстад, Сатанамæ æв-
вахс бацыд æмæ йæм бадзырдта:
— Цом хæдзармæ, кæуынæй ницыуал рахæсдзыстæм... Æрт-
дзых бакæнæм, нæ къона бынтон куы ныххорз уа, уæд аив нæ
уыдзæн, нырмаудæгасстæм, нæхи куыд баныгæнæм цардæгасæй?..
Ницы сдзырдта Сатана, йæ армы тъæпæн ма æрхаста ингæны
къуыппыл æмæ араст хæдзармæ. Уырызмæг æй ауагъта иу-æртæ
санчъехы раздæр, стæй уый дæр гуыбыр-гуыбыр араст йæ фæстæ.
Талынджы сæ цæст куы нал æвзæрста, уæд Сырдон æввахс ба-
цыд, Сатана цы ингæны уæлхъус куыдта, уырдæм... Сосланы ин-
гæн!.. Сыджытæй лæгъз къуыпп — ингæны уæлæ. Йæ алыварс
357
амадæуы урс дзæнхъайæ фæлгæт, фæлæ æрдæгамад дæр нæма
у... Сатана та Борæты сылыстæгæн Арпаданы донæй змис хæссын
кодта мадард бæгънæгæй Хæмыцы ингæнмæ, стыр обау аразын
æй фæндыд... Ныр мæнæ йæхи хъæбулы ингæн дæр ницы-мацы
арæзт... Сырдон хæстæгдæр бацыд Хæмыцы ингæнмæ. Хуымæ-
тæджы сыджыты къуыпп, æнæркаст... Сатана йæм хæстæг дæр
нæ бацыд... Иунæг Уырызмæджы зæрдæ йыл кæд фæрыст, æн-
дæр æй хъуыды дæр ничи æркодта æмæ кæны. Иу афæдзы фæстæ
йæ ныв дæр нал уыдзæн, æрмæст ма йæ Уырызмæг зондзæн æмæ
стæм хатт бæрæг кæндзæн, цалынмæ удæгас уа, уæдмæ... Афтæ у
нæ дунейы цард, — иууылдæр иунæджытæ!.. Алчи йæхиуыл мæт
кæны æмæ йыл иннæтæ дæр цы тыхсой?.. Ничи сын у уæлæуыл
дæр æмæ йæ мæлæты фæстæ дæр... Мæнгард æмæ фæлдыст дуне!..
Ницы дзы ис уарзондзинады фæдыл, æрмæст ронбæгъд хиуарзон-
дзинад!.. Цæргæ цæрæнбонты йæхиуыл чи уыди, уый дуне никуы
’ндæвта, æмæ дунейы дæр уый мæт цæмæн хъуамæ уа?.. Гъе, æмæ
хæрам æмæ фыдæхæй цæрынц се ’ппæт дæр. Цæрут æмæ хæрут
кæрæдзи!.. Бирæгъты дунейыл бирæгъты цард фидауы!..
Бынтон мæстджынæй рацыд Сырдон Æхсæртæггаты уæлмæр-
дæй. Нал сæм æрбацæудзынæн: удæгасæй мæ сæхиуыл нæ нымад-
той æмæ ма сыл мæрдтæм мæхи цы ныхасон!.. Уæлæуыл дæр æмæ
мæрдты дæр хицæн дæн уæ фыдвæткæй дæр, уæ хæрзæбонæй
дæр!.. Уæхи уæнт, мæн дзы ницы хъæуы, æз ссардзынæн æндæр
дуне, æндæр царды фæтк!.. Ссардзынæн! — йæхицæн фидар ныфс
æвæры Сырдон æмæ тындзы хæдзармæ. Ныр сындæггай нал, зæ-
ронды къуырттытæ-тылдтытæ цыд нал. Кæддæрау мæсты æмæ
хъаруджын цыд кæны Сырдон йæ къæсмæ, йæ иунæгдзинады ахс-
тонмæ. Ферох æй ис, абон Алафарны чысыл чызджы хъæбулæн
кæй æррæвдыдта, хæдзар иунæг кæй нал у, змæлæг дзы кæй ис.
Йæ кæртмæ куы бахæццæ, уæд æм Фатакуй рагæпп кодта æмæ
йыл æнæсым цинтæ систа. Ууыл ахуыр уыд Сырдон æмæ йæ не
’рхъуыды кодта, фæлæ кæсы: хæдзары дуар зыхъхъыр, уырды-
гæй та — рухсы нымæг уадздзаг... Уый та ма циу? Æви Фатакуй
цырагъ судзын базыдта ме ’рцыдмæ?.. Дуарæй бакаст æмæ уæртæ
артдзæсты фарсмæ бады Алафарн... Сырдон æвиппайды æрбай-
мысыд абоны хабæрттæ æмæ йæ зæрдæ барухс: иунæг нал дæн!..
— Де ’хсæв хорз, нæ мыккаджы сæрбос! — хъæлдзæгæй ба-
дзырдта Сырдон.
— Сæрбосæн æз бæргæ сбæззин, фæлæ сæрылхæцæг лæппу
кæй ис? — айста Сырдоны хъазæн ныхас Алафарн. — Абондæргъы
уынгты чи джеттыра кæны, уымæй цæй кусæг лæг, цæй хуымон
рацæудзæн?
358
— Нæ, дзæгьæлы нæ уыд мæ цыд, хъуырæутты æлдар! Уый
бæрц дзæбæх адæмы федтон — лæппутæ, чызджытæ, устытæ, куый-
тæ, хæдзæрттæ! — æмæ уыныс, мæ зæрдæ сæ байдзаг æмæ мæ
цæрын æрфæндыд, се ’хсæн цæрын, кæд сын, дæ загьдау, сæ хуым-
гæнды сæрылхæцæгæн уæддæр сбæззин... Уый чысыл хъуыддаг
у, дæ нымадæй?..
— Нæу, — æрæджиау сдзырдта Алафарн. — кæд æцæг зæгъыс,
уæд чысыл нæ, ахсджиаг æмæ стыр хабар у... Уæд мæ ницæййа-
гæй ацыдтæ æмæ æцæг лæгæй æрбаздæхтæ! — цин кæны йæхими-
дæг Алафарн, фæлæ йæ нырма тынг нæ уырны йæ цины сæр, кæд
дзы хъазгæ кæны ацы хин лæг?..
— Мæ фыды цæсгомыстæн, æцæг зæгъын... Абон иу чысыл
лæппуимæ базонгæ дæн Фæсхъæуы æмæ йын дзырд радтон: або-
нæй фæстæмæ уарзон æмгæрттæ уыдзыстæм!.. Кæсыс, æз ма зæ-
рондæй дæр сабитæй æмгæрттæ агурын, ды та мæ ницæййагыл
нымайыс!.. Уый диссаджы æхситтытæ зоны, булæмæргъæй аив-
дæр къуыззиттытæ, æмæ йын загътон: æз ын æхситгæнæнтæ æмæ
уадындзтæ араздзынæн, уый та мын мæ зæрдæ булæмæргъы къуыз-
зиттæй рæвдаудзæн!.. Уый чысыл куыст у, уынгты джеттыра у
дæумæ гæсгæ?.. — цин кæны Сырдон, зоны йæ, йæ ныхас цæуы
йæ хистæры зæрдæмæ æмæ ноджы æхцондæрæй нывæнды йæ ног
зæрдæхатт.
— Уый та ма цавæр булæмæргъ у, æз æй куыд нæ зонын?
Номæй йæ нæ бафарстай æви? •
— Бафарстон, мæ ном дæр ын загътон, мыййаг дæ, зæгъын,
ацы хатт мæ сæр дзæггорæн куы бахъæуа, уæд мæ æнцонæй куыд
ссарай... Йæ ном мын Тæрхъус рахуыдта, æз та йыл ног ном сæ-
вæрдтон, Сидахъ! Æцæг номæвæрæггаг хæдон хъæуы лæппуйæн
æмæ уый нæма бакодтон...
— Тæрхъус!.. Уыцы ном æз дæр фехъуыстон. Йæ фыд Саулæг
æй рахуыдта афтæ, хъазæн номæй... Сидзæр лæппу у. Йæ фыд
хъæбатыр лæг уыди, раст дæ цахъхъæн... Иу ахæмы йæ Уырыз-
мæг балцы цæуынмæ барра кодта, лæппуйы сафæг рагæй дæр йæ
хъæбатыр у... Нал æрцыди... Сидзæрæй баззад йæ иунæг бындар.
Лæппу йæ фыды зонгæ дæр хъуамæ ма кæна...
— Раст афтæ загъта йæхæдæг дæр... Замманайы лæппу, бæсты
аив, ныр дæр зонды къуыбар, куы байрæза, уæд ын æмбал нæ
уыдзæн! Гъе, æмæ ма мæн ныр джеттырамæ равдæлдзæн, иу бон
чызг æмæ лæппу чи ссардта!.. Лæппуйæн, æцæг, йæ мады нæ фед-
тон, чи зоны, йæ мæ тæфтыл уадзгæ дæр нæ акæна, чи зоны,
нымайа: мæ хуызæн лæгæн йе ’мгардзинад дæр — æнамонд, æмæ
мын мæ иунæджы дæр фесафдзæн... — фенкъард Сырдон, фæлæ
359
йæ дызæрдыджы азар абырста. — Нæ, лæппу мæн у, никæмæн æй
ратдзынæн!.. Йæ мад дзы райгонд уæд, фæлæ ныр мæ лæппу дæр
у, æмæ йæ ахуыр æз кæндзынæн, йæ уды фарнмæ æз дæр дардзы-
нæн бар, æмæ мын уыцы бар ничи байсдзæн!..
— Хорз, хорз, ничи дын æй исы, дæу фод, алчи сидзæрæй
дардмæ куы лидзы, уæд ыл чи ныцъцъæх ис, чи у уыцы хæрзгæ-
нæг?..
— Раст зæгъыс, нæ ныцъцъæх сты, лидзынц, диссагæй дæр дзы
ницы ис, фæлæ комкоммæ уыцы фыдвæтк фехалыны охыл æз,
нарты сæфтдзаг Сырдон, хъуамæ ныцъцъæх уон, хъуамæ ма али-
дзон!.. Æмбарысмæ, æлыгхор?..
— О, æмбарын дæ, дæ Хуыцау дæр дæ афтæ куы ’мбарид, —
худы Алафарн, æхсызгон ын у, йæ зæрдæскъуыд æмгары ныр
æндæр хуызы кæй уыны, уый.
— Зонын æй, ды мæ æмбарыс, фæлæ æз ныр æцæгтæ дзурын... —
иуцъусдуг фæджих ис Сырдон, артдзæстмæ æввахс бабадт æмæ
цыдæр сагъæстыл фæци. — Бирæ тыхст адæм ис нæртон зæххыл
æмæ сын мах — ды, Армимаз, æз — цы бакæндзыстæм?.. Уыдон
нæ зорз лæгтæ æнхъæл сты, æмæ кæм ис хорз лæг? Стæй куы
уæм, уæддæр цы нæ бон у? Стыр исты саразын нæ бон нæу, чы-
сыл исты та уыдон сæ зынæй нæ фервæзын кæндзæн... Цыдæр
хæйрæджы ахæсты фестæм, æндæр ницы, — æрæнкъард Сырдон.
Алафарн хорз зыдта, Сырдоны зæрдæ цæуыл тыхсы, уый.
Рæстытæ кæй дзуры, уый дæр зыдта. Фæлæ ма иу рæстдзинад
уыд йæ хъуыдыйы, Сырдон кæй нæ нымадта. Алафарн уымæн
æдыхстæй дардта йæхи, Сырдоны хъауджыдæр.
— Раст у, Æхсары фырт, æцæгтæ дзурыс, фæлæ дæ иу хабар
ферох ис, нымаинаг та фыццаджыдæр уый у...
— Цы, дæ хорзæхæй? Цы мæ ферох?
— Ферох дæ сты, хæрзиуæджы бацæуинаг кæмæн дæ, уыдон. —
Алафарн фæхъус, Сырдонæн ахъуыды кæныны рæстæг цæмæй
уыдаид. — Ферох дæ сты, уымæн æмæ сæ цуры никуы уыдтæ,
лæгæй-лæгмæ дзы стæмты зоныс, зонын та фыццаг уыдоны хъæуы.
Хæсты куы бацыдтæ фыййæутты уæтæры, уæд æрмæст ды æмæ
Сагсур хæцыдыстут, æви ма дзы исчитæ уыди? Мæнæ фæззæджы
адæмы хуымтæй цы иугай æфсиртæ аззад, уыдон æз æмæ ды æр-
тыдтам æви ма дзы исчитæ уыди? Уæдæ хуымгæнæны дæр æз
æмæ ды иунæгæй нæ кодтам хуым... Раст ма зæгъ, уыдон дæ ны-
мады сты? Не сты. Ды сæ сидзæр сабитæ æнхъæлыс, уыдон та
лæгтæ сты. Дæ зонд, дæ тых сæм нæй, дæ хæрзвæткыл хæст нæма
сты, фæлæ лæгтæ сты æмæ сæ нымайын хъæуы... Исты хæрзиуæг
кæд дæ бон бауа, уæд уыдонимæ иумæ, уыдон фæрцы, иунæгæй
360
нын ницы бантысдзæн... Уый — мæ нымад. Кæд рæдийын, уæд
мæ багæды кæн...
— Дæу та, мæ хур, чи багæды кæндзæн, уæлдайдæр рæстытæ
куы дзурай, уæд... Раст зæгъыс, — сæ хæрзæбон дæр, сæ фыдбы-
лызау, сæхи къухæй аразгæ у, иунæг мах фæндиагæй ницы рауай-
дзæн... Мæнæ лæппуйы кой ракодтон, фæлæ йæхи куы нæ фæн-
да, йæ мад куы ныггалиу уа, уæд дзы цы рауайдзæн? Ницы... Нæ
хорз фæндиаг сæм афтæ бадзурæм, цыма сæхи хъуыдыйæ, сæхи
барвæндонæй рацыд... Раст зæгъыс... Фæтых мыл дæ, амбылдтай
мæ, бузныг! — фестад Сырдон æмæ уырдыг ныллæууыд разыйы
нысанæн.
— Цæй, кæм сыстадтæ, уым дæ хорз хорз у æмæ дæ разы къуы-
мы тæбæгъы цыдæр аууилинаг фæуагъта не ’фсин æмæ йæ фынг-
мæ æрдав хистæры размæ: дæ къуымæн дын бакува, стæй дæ ног
чызг æмæ лæппуйæн, — фæсидт Алафарн æмæ Сырдон кæстæри-
уæг кæнынмæ фæци.
Алафарн дæрдтыл кувыныл не схæцыд, хæдзармæ цæуынмæ
йæ зæрдæ ахсайдта æмæ цыбыртæй нымадта йæ хъуыдытæ.
— Лæппу, абон дæ мæ цæстæй ракастæн. Царды фæндтыл та
ныххæцыдтæ. Сабитæн тæригъæд чи кæна, уый фыццаг сæ ный-
йарджытæн кæны хæрзиуæг. Мæнæн хæрзиуæг дæ бафæндыд æмæ
мын мæ сабийы барæвдыдтай, уым диссагæй ницы ис. Рагæй æмуд
стæм æмæ уый фæдыл у. Фæлæ Саулæджы сабийы кæй базыдтай
æмæ бауарзтай, уый æцæг хæрзиуæг у... Кæсыс, æз ын йæ фыды
хорз зыдтон, саби йын райгуырд, уый дæр зыдтон, Тæрхъус æй
кæй рахуыдта, уый дæр фехъуыстон, фæлæ йæ нырма уынгæ дæр
никуы фæкодтон... Уый ме ’взæры нысан у... Ды та фыццаг хатт
ныууадтæ Фæсхъæумæ, зонгæ дæр дзы никæй кæныс, сæ мæт дæр
дæ никуы уыд. Нартæй сты, фæлæ нырма дæ нымады, нартæн сæ
цъæмæлтæй сты... Афтæмæй та, мæгуыр адæм цы вæййынц, уый
сты: нæдæр — хорз, нæдæр — æвзæр... Гъе, уæддæр дзы сагсур
лæппу рауардтай!.. Уый амонды гакк у!.. Ды, амондджын хæрæг
дæ... Лæджы зæрдæ базонын æмæ ссарынмæ мæнæй бирæ лæг-
дæр дæ, æмæ дæм тæхуды кæнын. Мæ зæрдæйæн та цины сæр у,
ахæм æмгар мын кæй ис!.. Фæрнджын у! Абон ног сабиты хицау
бадæ, æмæ дын фарны бон фæуæд!.. Зæгъыс, нæртон зæххыл цы
сидзæр сабитæ ис, иууылдæр мæн сты!.. Хорз дзырд у уый, фæлæ
йæм йæ ныфс æрмæст æцæг лæг бахæссы. Фæрнæй дын банты-
сæд! Зын дын куы уа — фыццаг дæ фарсмæ чи балæудзæн, уый
мæнæ æз. Ныр у, æмæ фæззыгон куыстыты размæ адæмы æмбырд
кæнын бахъæудзæн... Куывд — уый æфсон у. Нæ фæндиаг та
адæмы кæрæдзиуыл бабæттын у: иу адæм, иу нарт кæй сты, сæ
361
фыдбылыз дæр æмæ сæ хæрзæбон дæр, сæ абон æмæ сæ фидæн
дæр иумæйаг æмæ иумæ аразинаг кæй сты, уый куыд бамбарой...
Хуыцау зæгъæд æмæ нын цы бантыса!..
— Дунейы фарны бафæндæд! — зæрдиагæй сдзырдта Сырдон.
— Фыццаг нæ адæмы бафæндæд кæрæдзи бауарзын, стæй уæд
дунейы фарн дæр уæлдай цы хъуамæ зæгъа?.. Фæлæ уæдмæ адæ-
мы тыхстытæ иууылдæр базонын æмæ банымайын хъæудзæн. Рохы
нæ куыд ничи баззайа, афтæ куыд ничи зæгъа, мæн ма иннæты
уæлдай цæмæн ферох кодтой. Ды абон хорз хъуыддаг бакодтай,
фæлæ йæ æрдæгыл ма ныууадз. Алы хæдзармæ бацæуыны рæс-
тæг нал ис, фæлæ сæ æрбамбырдтæ кæн, хистæртæ мæ рарвыстой,
зæгъгæ. Иу хæдзары дæ, уæд сыхæгтæ дæсгæйттæй куыд цæуой...
Сæ хъæстытæ дын фæкæндзысты, мастæй дæ зæрдæ ныррæси-
дзæн, фæлæ быхс... Уыдонæн сæ зæрдæ фæрогдæр уыдзæн æмæ
уый дæр æххуыс у, уарзондзинады гакк... Æниу ды уыдæттæ
мæнæй хуыздæр зоныс, дзæгъæлы дын сæ дзурын... Æз æмæ Ар-
мимаз дæр дзæгъæлы нæ баддзыстæм, фæлæ адæмимæ дзурынмæ
ды хуыздæр сарæхсдзынæ... Стæй æфхæрддæр дæ, дæ хъал ка-
лынмæ сæм нæ цæуыс, уый нымайынц. Дæхицæн кæй ницы агу-
рыс, уый дæр зонынц... Рæстыл дзураг кæй дæ, уый дæр фехъуыс-
той. Гъе, æмæ дæ дзырд мах ныхæстæй дæсы бæрц акæрддзæн...
Фæзил сыл æмæ, бæрæгбон куы кæнæм, уæд алкæй ном дæр куыд
ссарæм, стæй цы тæрхон рахæссæм, уый та се ’ппæтæн дæр æх-
сызгон æмæ зæрдиагæй æххæст кæнинаг куыд уа. Адæм иумæ
диссаджы тыхджын кæй сты, уый сæ куыд бауырна...
— Хорз, мæ хистæр, дæ дзырд чи сæххæст кæна, уый мæнæ
æз. Фæлæ ма мæм иу фæндиаг ис... Сидзæргæс устытæн æмæ
сидзæр сабитæн сæ зæрдæ истæмæй куы балхæниккам... Зæгьæм,
сидзæргæс усы иу цæхдонфыцæн хъуырау куы фæуа, уæд ын
æхсызгон нæ уыдзæн? Уыдзæн. Æз æмæ дæуæн та хъуырæуттæ,
нуазæнтæ, къустæ цы ацаразинаг сты? Уæйыгхор йæхæдæг иу
змæстæн хъæуваг къустæн æлыг хыссæйау сфæлмæн кæндзæн...
Никуы дын æй загътон, фæлæ Арпаданы был иу ран сарæзтон
æлыгдзаумæттæ сургæнæн. Уым дзаумæттæ иттæг хорз æмæ тагъд
сур кæнынц. Иу къуыримæ дзы æнæхъæн нарты фаг дзаумæттæ
сцæттæ кæндзыстæм... Куыд дæм кæсы, хорз нæ уаид? Зæгъдзыс-
тæм: уæй сæ кæнæм аслам аргъыл, фæлæ алчи дæр равзарæд йæ-
хицæн иу дзаума, фылд^ер æвзарæн нæй...Стæй куы равзарой,
уæд сын зæгъдзыстæм: хаир уын уæнт, уæй нæ кæнæм, лæвар
уын сæ сарæзта Алафарн, æлыджы æлдар!.. Æз ма чысыл саби-
тæн уадындзтæ æмæ æхситгæнæнтæ дæр саразин... Чи зоны, Ар-
мимаз дæр исты дзауматæ æрцæттæ кæна йæ куырдадзы? Уæд та,
362
лæппутæй хуыздæр æхсæг чи разына, уымæн цирхъ, фат æмæ æр-
дын, науæд нуазæн нывæфтыдæй. Ахæмтæм уый дæсны у, фæлæ
йын йæхи бафæрсæм, чи зоны, нын хуыздæр исты бауынаффæ кæна...
— Гъе, æмæ хуыздæр фæу. Уыдон иууылдæр хорз фæндиæгтæ
сты, стæй мæнæ зын саразæн дæр не сты. Хъуамæ нын дзæбæх
рауайа нæ бæрæгбон, стæй уæд нæ фæззæджы куыстытæ дæр афо-
ныл цыма фæуыдзысты. Уæд бæргæ æдыхст зымæг арвитиккам æмæ
адæмы зæрдæ чысыл фæхицæн уаид сæ бирæ тыхстытæй...
— Нæ рафæлдисæг æй зæгъæд! — кувæгау бакодта Сырдон.
— Фестæм ууыл нæ ныхас. Тæккæ райсом Ардагъуйы бафтау-
дзынæн æлыг нæмыныл æмæ — кусгæ, ды та адæмыл фæзил...
— Афтæ нæ, сом дæм æз æлыг æрбаласынмæ фæкæсдзынæн,
зонын иу ран иттæг хорз æлыг. Стæй ма дæм иу бон та, дзаумæт-
тæ сургæнæнмæ куы ласай, уæд фæкæсдзынæн... Иннæ хъуыд-
дæгтæ — мæ быгъдуан.
— Разы дæн. Гъе æмæ хæрзæхсæв рау.
Алафарн атындзыдта сæхимæ. Сырдон Фатакуймæ базылд, стæй
тæрхæгыл йæхи æруагъта æмæ та йæ хъуыды Сатана æмæ Уырыз-
мæджы æрдиагмæ раздæхт.
Тæригъæд сты, — сагъæс кæны Сырдон, — фæлæ сæхи аххос у
æмæ сын цы бачындæуа?.. Цы ныфс сын бавæра лæг, стæй мæ
ныхас айсдзысты? А-да-гъа!.. Сатанайы лæг нæ басæтдзæн, фæлæ
Уырызмæг тугтæригъæд у, ныр æцæг иунæг... Бацæуын, йæ цуры
абадын уæддæр хъæудзæни... Чысыл кæд йæ зæрдæ фæлæууид.
Сатана та йæ тæригъæдтæ фиды æмæ йæ уадз æмæ бавзара. Ныр,
чи зоны, йæ зæрдыл æрлæууа ме ’намонддзинад дæр... Бамбара,
хъæбулы маст куыд зынуромæн у... Бæргæ, раздæр куы бамбæрс-
таид, уæд ыл ацы фыдбылызтæ дæр не ’рцыдаиккой, фæлæ ма
ныр цы а?.. Уæддæр Уырызмæджы абæрæг хъæудзæн...
Ацы хъуыдыйæ Сырдон афынæй. Нæзы цырагъ æфсæйнаг да-
рæнмæ куы фæци сыгъд, уæд йæхигъæдæй ахуыссыд. Фатакуй
уый куы федта, уæд йæ цæстытæ æрцъынд кодта. Райдыдта уал-
дзыгон цыбыр æхсæв, æнæфын æхсæв...
* * *
Сæумæцъæхæй Сырдон фестад, йæ уæлæфтау æрбаппæрста
æмæ фæхъæр кодта: «Урсдзых, мемæ!» Фатакуйы æндæр хуыз-
дæр ницы хъуыди, фестад æмæ Арпаданы ’рдæм, æхст фатау, атах-
ти. Ацы хатт æй Сырдон æййафгæ дæр нал бакодта суанг доны
былмæ. «Иу боны зылд дæр ыл куыд фæзынди!» — бацин кодта
Сырдон, стæй йæхи доны арфы ауагъта æмæ куыдзимæ æз фæраз-
363
дæронæй ленчытæ систой: дон цырддæр кæм цыди, уым Сырдон
разæй кодта, кæронырдæм та — Фатакуй, — уый рогдæр уыд дон-
сабыры былмæ рауайынмæ.
Иæ уæнгтæ куы айвæзта, уæд Сырдон азылд Арпаданы был-
ты, басгæрста йæ æлыджы фæлтæр, ныр Алафарнæн раттинаг кæй
уыд, стæй йæ хъуырау судзæнтæ. Алцы дæр, куыд ныууагьта,
афтæ уыди. Æцæг, хъуыраусудзæнтæм хæссын хъуыд сугтæ, стæй
уæд арт кæнын. Фæлæ уый зын нæ уыд. Нырма йæ хуымы гæппæ-
лы кæрон, Сагсуримæ кæй басаста, уым рæдзæгъдтæй лæууыдысты
хъæды лыггæгтæ æмæ къодæхтæ. Галтыл сæ æрбалас æмæ судз дæ
дзаумæттæ. Армимазæн дæр ма дзы иу-цалдæр куыфы æвзалы æрæв-
зæрдзæн. «Барухс кæндзынæн дыууæ æвзалыхоры зæрдæ дæр!» —
цин кодта йæхинымæр Сырдон æмæ Фатакуимæ сæхи Алæгоны
хуынæй куы афсæстой, уæд Сырдон Алафарнмæ ацыд, Фатакуй та
баззад Фариимæ, — уæдмæ уый дæр фæзынд æмæ ма сын хæринаг
дæр æрбахаста, фæлæ уый сихормæ ныууагътой.
— Ды уал ам дæхи истæуылты ирхæфс, — фæдзæхсы Сырдон
Фарийы. — Кæд дæ фæнды, уæд Фатакуимæ доны былмæ ацæут
æмæ уым хъазут. Æз та дæ фыдмæ фæкæсон, бирæ куыст ын ис
æмæ сыл не ’ххæссы.
Алафарн æмæ Ардагъу сæ тæккæ куыстыл уыдысты, Сырдон
сæм куы бахæццæ, уæд. Сырдон сæм æлыг нæмынмæ фæкæс-
дзæн, зæгъгæ, бацин кодтой, фæлæ уый йæ къух дæр нæ фæкодта
æлыгмæ. Загъта, цом уал мемæ, æлыджы фарн (уый йын ног ном
æрымысыд!), фен, цы ног æлыгæй дзурын, уый; фен хъуыраусу-
дзæн, стæй уæд ам нæ уыдзынæн. Ацыдысты Арпаданы былмæ,
Ардагъуйы иунæгæй ныууагътой. Уый æлыг бæлæгъы æууæрдын-
мæ иунæгæй дæр дзæбæх арæхст.
Алафарны зæрдæмæ ног æлыджы фæлтæр тынг фæцыди. Дис-
саджы сыгъдæг æмæ нуарджын сыджыт разынд, лыстæг къуыбар
æмæ кæрæдзийыл æндæдзаг, стæй сыгъды фæстæ та рог æмæ
фидар. Сырдон ын равдыста, ацы æлыгæй цы дзауматæ сарæзта,
уыдон. Раппæлыд ын сæ зæлангæй æмæ йæм Алафарн тæхудиа-
джы каст кодта:
— Хин дæ рагæй æрæгмæ, Сырдон. Уый нæй, уæд мын нырмæ
цæуылнæ загътай дæ диссаджы æлыгвæлтæры хабар, уæлдайдæр
та, æлыгдзаумайæн судзыны амал кæй æрымысыдтæ, уый?.. Ахæм
æз никуы федтон, никæмæ, кæд нартæй чынтмæ бирæ хъуырау-
гæнджыты зонын, уæддæр. Хорз æрхъуыды кодтай, мæ фыдыс-
тæц!.. Ныр мæн Куырдалæгон дæр нал амбулдзæн! Диссаджы лæг
дæ, къудзийы тæрхъус, зæххы ардыстæн!..
— Цæй, де ’ппæлæн зарæг уал фæуадз, мыййаг дын æцæг куы
364
басгуыхон, уæд та ма цы дзурдзынæ?.. Фæлтау хъус æмæ ма дын —
иу зонд. Уартæ мæ хуымы кæрон суджы рæгътæ уыныс? Уыдон,
хъæд куы састон, уæд фæхастам Сагсур-уæйыгимæ. Ды уыдонæй
иу зæнг дæр дæ уæхскмæ не сфæраздзынæ, фæлæ лæппутæн зæгъ
æмæ дын сæ галтыл хъуыраусудзæны цурмæ баласой. Афтæмæй
хъуырæуттæ хуыздæр сыгъд цæуынц... Гъеуый дæр дын мæ уынаф-
фæ. Ныр та абæрæг кæнæм Армимазы кувæндон, уымæ дæр исты
фæнд уыдзæни, нæхи фæндтæ та йын йæ цæсты раз ранывæндæм
æмæ бацин кæна...
Армимазы йæ куысты уæлхъус баййæфтой: цыдæр æфсæйна-
джы цъæлтæ кæрæдзийыл рабар-бабар кодта, ныхæста, стæй та
сæ фæстæмæ хицæн кодта... Сырдонитæ йæ фарстой, фæлæ сын
ницы дзырдта: фæцæсты мæ кæндзыстут, ма мæ фæрсут!.. Уæд-
дæр сын фæстагмæ баныфс æвæрдта: ницы мæ амоны мæ къух,
нæй зæрдæвæндиаг æфсæйнаг, æндон, æрхуы... Ды, æлыгхор, кæд-
дæриддæр æрмифтонг дæ — сыджыт алы ран хæрх, равзар дæ
зæрдæйы фæндиаг, фæлæ æз цы кæнон? Кæм ракъахон æфсæй-
наг, хыссæйæ хорз гæрзтæ нæ цæуы, адæмы та кусæн æмæ хæ-
цæнгæрзтæ хъæуы...
— Уымæй раст зæгъыс, — сразы Сырдон, — фæлæ дзы кæмæ
цы ис, уый йын уæддæр бахуызæн кæн, науæд цæмæй кусдзысты,
хуымгæрдæн нæ уæлхъус ис. Хорз аз скодта æмæ нæ хорæй иу
чысыл фидæнмæ дæр куы фæуадзæм, уæд — фидары мад нæ куыд-
та, куы фæдзурыс дæхæдæг.
— Уый сабитæ дæр зонынц, фæлæ уын чи загъта, æмæ кусæн-
гæрзтæ бадзæбæх кæнынмæ зивæг райдыдтон, æви мæ куырдадз
æрмæст марæнгæрзтæ аразынæн у?.. Хæссæнт мæм сæ гæрзтæ,
фыццаджыдæр æхсырфытæ... Ницы дæр мæ хъæугæ кæны, æр-
мæст æвзалы — сымахæй, æлыгхор æмæ къудзийы тæрхъус. Кæм
æй ардзыстут, уый мæнмæ нæ хауы. Фæцис ууыл ныхас: дыууæ
бонмæ ам куыд уой æвзалы дæр æмæ кусæнгæрзтæ дæр. Дыууæ
къуыримæ та сæ хæсгæ акæндзыстут куыстæввонгæй. Нæ фехъуыс-
тон ма зæгъут!..
Сырдонитæ йын сæ фæндтæ куы ракодтой, уæд Армимаз йæ
бæзджын рихиты бын цыдæр хин худт бакодта:
— Хорз фæндтæ сты, фæлæ æрмæст сывæллæттæн бæззынц.
— Уый та цæмæн зæгъыс? — фæхъыг Алафарн.
— Уый та уымæн зæгъын, æмæ тыхы рæстæг у, чи дæм кæд
фæцарæхсдзæн карды ком æмæ фаты фындзæй, уый нæ зоныс,
афтæмæй ды та адæмы хъазын æмæ цин кæнынмæ аразыс, ме ’фсы-
мæр. Хъазгæ, уæд — хæстон хъазт, бахъуыды бон исты ахъаз куыд
уа! Куыд тагъд дæ айрох, ме ’фсымæр, — ныр та Сырдонмæ ба-
365
дзырдта, — абырджытимæ дæ фыййæуттæ лæдзгуытæй кæй хæцы-
дысты? Æниу сæм гæрзтæ куы уыдаид, уæд семæ архайын зыд-
той?.. Нæ зыдтой æмæ нæ зонынц, ме ’фсымæр. Нæ сын амонынц
сæ хицæуттæ. Гарзджын фыййауы нæ рацæфтæ кæндзынæ, цир-
хъæй дæ æркæрддзæн. Йæ мызд ын нæ бахæрдзынæ, дæхи дын
куыйты хæлæттаг бакæндзæн!.. Гъе, æмæ кæд лæгтæ стут, уæд сæ
сахуыр кæнут: хъазт — уæд хæстон хъазт!.. Сабитæ хъазæнт сæхи
фæндиаг, уыдон нырма ницы ’мбарынц, фæлæ лæппутæ сæхи хъуа-
мæ æууындзой царды зынмæ: лæбурынмæ нæ, сæхи сæртæ бахи-
зынмæ!.. — цыдæр мæстыйæ дзуры Армимаз æмæ Сырдон фæхъуы-
дыйыл: исты фыдбылызы кой фехъуыста æви цæуыл мæсты у йæ
мидзæрдæйы?.. /Ергом та загъта:
— Рæстытæ дзурыс, фæлæ мах дæр адæмы хъæл æмæ лæдзæ-
гæй хъазынмæ нæ хонæм... Уыдзæн дзы фатæй милмæ æхст, цирхъ
æмæ уартæй хæст, дур æппарын, дугъы уайын... Сабитæн та сæхи
хъæзтытæ... Æцæг дзы кафын-зарынæй быцæу нæ уыдзæн — зи-
æнттæ бирæ æрцыд æмæ худинаг куы уа...
— Гъе æмæ уый хорз! — дзæбугæй ныххафт кодта хъæсдарæг
Армимаз разыйы нысанæн. — Уæртæ дын къуымы фондз æрдыны
æмæ дыууиссæдз фаты. Æхсут, хæцут, сахуыр сæ кæнут! Хъазт
куы фæуа, уæд та сæ сæ бынаты сæвæрут. Уый дæу фæдзæхсын,
Сырдон. Иу дæр дзы фæхъуыд, дыууæ æрхæсдзынæ йæ сæрмæ!
Дыууæ цирхъы æмæ уын дыууæ уарты дæр æфстау ратдзынæн.
Фаг уын сты ахуыры нысанæн... Уæллаг сых æмæ Борæты лæп-
путæн сæхимæ дæр уыдзæни гæрзтæ, семæ архайын дæр зондзыс-
ты, фæлæ Фæсхъæуы фæсивæд æмæ Алæгаты лæппутæ æрмæст
кувын æмæ фосы фæдыл цæуынмæ сты рæвдз... Уыдонмæ уæ хъус
æрдарут... Чи сæ басгуыха, уымæн лæвар та — мæ быгъдуан, ис-
тытæ самал кæндзынæн... Ницы дзуринаг мæм ис æндæр, мауал
мæ хъыг дарут, æрмæст — æвзалы æмæ кусæнгæрзтæ рæстæгыл
куыд уой, хъусут? — æртхъирæны хуызы дзуры Армимаз æмæ
уый сæ зæрдæмæ нæ фæцыд Сырдонитæн, фæлæ йæм уæлдай
ницыуал сдзырдтой, рацыдысты.
— Цы бындз ыл фæхæцыди, цæуыл мæсты уа? — йæхицæн
дзуры Алафарн. — Цыдæр кæны æмæ йæ ’мбæхсы махæй...
— Уый æз тæккæ изæры базондзынæн, — æнæмæтæй дзуры
Сырдон. — Ныр уал кусæд, уæдмæ йæ маст дæр æрысысдзæн æмæ
мын æнцондæрдзырд уыдзæн...
;— Фод, фæлæ уæддæр цы кæна?..
— Чи зоны, бирæ куыст ын кæй ныббастам, ууыл дæр тыхсы, —
нымайы Сырдон, — лæппутæй йын иу-дыууæйы, арæхстджындæрты
366
фембал хъæудзæн, æвзалы та афоныл баласын... Цыдæр рахæцæн
ма дзы ис, æмæ уый дæр кæд изæры базонин.
— Махæн æй, æвæццæгæн, барæй нæ хъæр кæны, ома нæ фæнд
æрдæгыл куы ныууадзæм... Нæ, цыфæнды ма уа, нæ фæнд араз-
гæ у! Ды азил ноджыдæр Борæтæ, Алæгатæ æмæ Фæсхъæуыл.
Куы февдæлон уай, уæд та мæнмæ фæкæс. Цæй, ды ам Фæсхъæу-
мæ аздæх, æз та — мæ куыстмæ.
Сырдонæн æхсызгон уыд Фæсхъæумæ цæуын: кæд та Сидахъы
фенин!..
* * *
Сырдон сфæнд кодта Фæсхъæуы Ныхасмæ бацæуын. Уым
хистæртæй исчитæ уыдзæн æмæ кусæнгæрзты хъуыддаг уыдонæй
райдайын хъæуы. Сылгоймæгтæ сæхи зондæй ницы бакæндзыс-
ты. Куывды дæр уынаффæгæнæг хистæртæ уыдзысты æмæ сын
развæлгъау зонын хъæуы сæ зæрдæхатт. Нæ фæндийæгтæ нын
сæхи дзыхæй куыд амоной!..
Ныхасы бадтысты иу-цалдæр зæронд лæджы, куыстæн ахъаз
чи нал уыд æмæ ардæм йæхи ирхæфсынмæ чи цыд, ахæмтæ. Сыр-
дон дзы лæгæй-лæгмæ никæй зыдта, фæлæ йæ уыдон зыдтой.
Уырызмæджы æфсымæр кæй у, рагæй фæстæмæ йæ мыккагимæ
хъæрмуд кæй нæу, стыр бæллæхтæ йыл кæй æрцыд, — æппæт
уыдæттæ зыдтой, фæлæ цы зонд æмæ æвзаджы хицау у, уымæн
бæлвырд ницы зыдтой æмæ сын æхсызгон уыд, кæй сæм æрба-
цыд, йæ сæрмæ сæ кæй æрхаста Æхсараты хъал лæппу. Сырдо-
нæн кæд йæ зачъе фæхалас, уæддæр сын нырма лæппу уыд, уыдо-
нæй бирæ кæстæр. Цымыдис сæм каст, кæй æрбацыд, уый дæр
æмæ, сæйраджы та — цæмæ æрбацыд?! Æхсæртæггатæ дзæгъæлы
цæуынтæ нæ уарзтой нæртон адæммæ. Дзæгъæлкъах уыдон æдда-
гон адæмы ’хсæн уыдысты. Фæсхъæумæ цæуын сæ не ’ндæвта
æмæ Сырдоны æрбацыд — уымæй дæр йæхи къахæй — æцæг дис-
саг уыд. Уæлдай диссаг та — цы у йæ цыды сæр?..
Сырдон сын арфæ ракодта, куыд хистæрæй сын сæ къухтæ
райста, стæй йæ сæ фарсмæ æрбадын кодтой æмæ йæ иударон
фæрстытæ райдыдтой, сæ цымыдис сын базона, уый сæ нæ фæн-
дыди. Сырдон сын сæ зæрдæхатт уайтагъд рахатыд æмæ уый дæр
барæй ницы дзырдта йе ’рбацыды тыххæй. Бынтон дзæгъæлы цыма
уыд йæ цыд, ирхæфсыны охыл, уыйау нывæзта йæ ныхас:
— Мæнæ хуымтыл зылдтæн, ацы аз та цы бауыдзыстæм?..
Фароны æххормаджы тасæй ныр лæг алы æфсирыл дæр цин
кæны...
367
— Искуы ма нæ кæны! — фæцырд æм хистæртæй иу. — Нæ уд
ма тыххæй аирвæзт æмæ куыд нæ цин кæна алчи дæр: хорз æрза-
дысты хуымтæ, æцæг хорз!.. Мæ цахъхъæн нæртон зæххыл дур
дæр нал и, фæлæ хуымтæ ахæм задæй никуы æрыййæфтон, никуы!..
— Уый æцæг афтæ у, — нал фæлæууыд иннæ хистæр. — Мæнæ
æз дæуæй фондз азы хистæр дæн, фæлæ æз дæр ахæм хорæрзад
никуы æрыййæфтон...
Хистæртæ дзырд кæрæдзийы дзыхæй истой æмæ æппæлыдыс-
ты сæ азты бирæ ’мæ хорæрзадæй. Сырдон сæ сæхи бар ауагъта,
фæлæ æрæджиау афтæ зæгъы:
— Гъе, æмæ туг-тæригъæд нæ уыдзæн ахæм хор рæстæгыл
æфснайд куы нæ ’рцæуа, кæрдиппæрдæй куы нызгъæла, уæд?
Фæкъæвда дæр зоны, æмæ дзы адæм, уæлдайдæр кусæг фос, лæг-
дых æмæ кусæнгарзæй арæзт чи нæу, уыдон афтидармæй куы аба-
дой, уæд?..
— Йедау фæу, тугтæригьæд та куыд нæ уыдзæн, фæлæ кæд
фæцарæхсиккой.
— Арæхсты фыдæй ницы ныууадздзысты, уый афтæ у, фæлæ... —
йæ зондджын ныхас адаргъ кодта иннæ зæронд. — Йæ хæдзары
лæг кæмæн нæй, науæд хъомыл лæппу, уымæн æцæг зын уыдзæн...
— Мæгуыр лæджы дур хæрдмæ суры, дзырдтой нæ фыдæлтæ.
Стæй фыццаг Æхсæртæггаты хуымтæ æфснайдзыстæм, нæхиуæт-
тæ та кæрдиппæрд кæндзысты. Иннæмæй та кусæг фос алкæмæ
нæй. Ракæрд дæ хуымы гæппæл, фæлæ дын æй чи æмæ кæд ласы,
гал куы нæ уа, уæд?.. Раст зæгъы нæ уазæг, афоныл æфснайд куы-
нæ ’рцæуа хор, уæд цъиутæн — минас, мах та — афтид гуыбын!..
— Дысон мæхи ирхæфсынмæ куырдадзмæ бауадтæн, Армимаз-
мæ, æмæ мын уый дæр раст ахæм ныхæстæ кодта... Замманайы
хор, дам, æрзади æмæ та йæ рæстæгыл куы нæ бафснайой, уæд та
стонгæй нæ хъиутæ хæрдзыстæм!.. Æз уый уынын, фæлæ адæм
цитт дæр нæ кæнынц... Нырма, дам, мæм йæ кусæнгарз барæвдз
кæнынмæ ничи æрбадавта, æмæ, дам, сын мæхæдæг дзурон?.. Куы
сын зæгъон, уæд та, дам, дзурдзысты: Армимаз истытæ акусыныл
тыхсы!.. Ницæуыл тыхсын, хорз адæм, ницы уæ агурын, иу уды
фаг æз дурыл дæр ссардзынæн, фæлæ уæхæдæг цы уыдзыстут,
уый маст мæ ис!.. Исчи, дам, сын куы бамбарын кæнид, дыууæ
къурийы фæстæ хуымтæ кæрдын хъæуы æмæ кусæнгæрзтæ уæд-
мæ цæттæ хъуамæ уой, уæд, дам, сын сæ гæрзтæ лæвар дæр сара-
зин, æрмæстæвзалы æрхæссæнт, æндæр сын мæ куыстхайыруæд!..
Афтæ дзырдта, уый дзы фехъуыстон мæхи хъустæй... Нæ зонын,
исчи йæм хæссинаг у йæ гæрзтæ æви нæ, фæлæ йæхæдæг лæвар
бакусынмæ дæр цæттæ кæй у, уый æцæг у... Æз цы Армимазы
368
зонын, уый мæнг зæгъыны фæлтау йæ рахиз цонг лыгмæ ратдзæ-
нис...
— Армимаз рагæй дæр рæстаг лæг уыди, æмæ мæн уырны йæ
ныхас. Нырмæ дæр бирæ ницы иста, кæд ын дæхи намысæй исты
ныббæттай, уæд хорз... Афтæ уыд рагæй дæр йæ уды фæтк, — иттæг
рæдау ранымадта се ’ппæты хистæр æмæ йæ дзырдыл сразы сты.
— Диссаг, æмæ йæм уæд нырмæ цæуылнæ хæссынц сæ кусæн-
гæрзтæ? — фæрсæгау кæны Сырдон.
— Йæ хъуыдыйы никæмæн æрцыд, — æнкъардæй дзуры хис-
тæр, — афтæ сты нæ адæм: цалынмæ сын сæ фос дзæгъæлдзутæ
атæрынц, уæдмæ фыййау нæ уромынц!.. Стырзæрдæ адæм стæм
æмæ уый — не сæфты азым!..
— Ам бирæ ницы хъæуы, нæ буц хистæр, мæнæ иу-дыууæ лæп-
пумæ фæдзурын кæн æмæ хъæуыл азилой, зæгъой адæмæн æмæ
куырдадзмæ сдавой сæ кусæнгæрзтæ, фыццаджы дæр æхсырф-
тæ... Хуымтæ афоныл карст куы уой, уæд стæй сæ ласынæн дæр
исты фæнд уыдзæн... Афтæ нæу æви? — къахы Сырдон дзырда-
рæхст хистæры.
— Афтæ у уæдæ цы, мæ хорз кæстæр. — Уæ, Додти, мæ хуры
чысыл, æруай-ма, — адзырдта хистæр, уынджы астæу цы лæппу
лæууыд, уымæ.
— Дæлæ-ма Гоччиты Сугъармæ фæдзур, хъæуыс, зæгъ, хис-
тæрты ныхасæн, — цума кæны хистæр.
Сугъар кæй рахуыдта, уый æрбацыд, арфæ ракодта ныхасы
адæмæн, йæ цæсты тигъ æрхаста Сырдоныл дæр æмæ стæй ным-
дæй афтæ бакодта:
— Хъусын дæм, нæ хистæр...
— Фæрнæй хъус, дæ рын бахæрон, фæлæ ныл дзæбæх хабар
сæмбæлд æмæ йæ бакæнын хъæуы... Армимаз, дам, æнхъæлмæ
кæсы, адæм сæ фæззæджы кусæнгæрзтæ кæд бахæсдзысты куыр-
дадзмæ... Ницы нæ агуры, ницы домы, æрмæст ын æвзалы самал
хъæуы... Бавдæл, æмæ иу-дыууæ лæппуйы æвзалы судзынмæ ар-
вит, дæхæдæг та хъæубæстыл азил, сæ гæрзтæ куыд бадавой Ар-
мимазы куырдадзмæ... Дыууæ къуырийы фæстæ хуымгæрдæн рай-
дайдзæн æмæ нæ хортæ армæй тондзыстæм æви?.. Бамбарын кæн
адæмæн, уый, зæгъ, хистæрты фæндон у æмæ дзы радзур-бадзур
нæй. Мæнæ нæ уазæг æрхаста уыцы хорз хабар æмæ ма уыимæ
дæр аныхас кæн. Дæ хорзæхæй, ма фæзивæг кæн, — йæ бардзырд
фæфæлмæн хистæрæн.
Сырдон æгъдаумæ гæсгæ арфæ ракодта æмæ Сугъаримæ хъæу-
уынджы кæронмæ фæцæуæг сты. Иудзæвгар ауадысты æнæсы-
бырттæй, стæй Сугъар афтæ зæгъы:
24 Сырдоны цæссыгтæ
369
— Хатыр бакæн, Сырдон, æз дæ рагæй зонын, æмæ дæм дæ
номæй дзурын. Цом уал нæ халагъудмæ, уым бæстон æрныхас
кæнæм: цы у уæ фæнд, куыд аразгæ у æмæ уын æз цы ахъаз
фæуыдзынæн...
— Разы дæн. Мæн дæр æнæдзуаппæй аздæхын нæ фæнды...
Æмбаргæ лæг мæм кæсыс æмæ фæхатыдаис: æз уæ хистæртæм
дзæгъæл не ’рбадæн, кæд афтæ бавдыстон ме ’рбацыды сæр, уæд-
дæр. — Сырдон уæдæй нырмæ дæр йæ цæст дардта Сугъармæ,
фæндыд æй, цы ис йæ зæрдæйы рæбын, уый базонын. Йæ зæрдæ-
мæ фæцыд: асæй рæстæмбис, фидæрттæ конд, цæсгомæй уынд-
джын, рихитæ къуыбыр, сау æмæ мæстæг амад. Зачъе нæй, бæз-
джын æрфгуыты бынæй кæсынц дыууæ стыр цæсты, цъæхбын тар
сын тызмæггъуыз дæтты, фæлæ сæ каст хæлар æмæ хъуыдымхиц.
Дзургæ сабыр хъæлæсæй кæны, фæлæ йын дзырдтæ нымад æмæ
æвзæрст, стæй иу бæлвырд нысанмæ арæзт: дзурæджы фæнд раст
бамбарын æмæ йын бæлвырд дзуапп раттын. Уæнгджын æмæ фер-
дæхтджын лæг, чи зоны, балцы ауайынмæ дæр æмхиц у, фæлæ,
хуымæтæджы давдмæ йæ сæр чи не ’рдардзæн, ахæм...
— Дзæгъæл кæй не ’рбадæ, уый æз уайтагъд фæхатыдтæн, —
бахудт йæ мидбылты Сугъар. — Цы дын æй æмбæхсон, æз ма дæ
знон дæр федтон ам æмæ мæм уæд фæзынд ацы хъуыды: Сырдон
Фæсхъæумæ дзæгъæлы не ’рбацыд, фæлæ цæй охыл?.. Знон ницы
мæ сæрмæ ’рцыд æмæ йыл мæ къух ауыгътон, фæлæ дæ ныр ны-
хасы куы баййæфтон, уæд загътон: хистæр мæнмæ Сырдоны зон-
дæй дзуры æмæ йын йæхи бафæрсын хъæудзæн, — хъуыддаг бæс-
тон куыд зонон. Кæд исты рæстмæйаг хабар, уæд дын мæ сæрас-
тæу фæндаг, ды — мæ хистæр, æз — дæ фæдисон!..
— Гъе, æмæ стыр бузныг дæ зондæй, Сугъар! — зæрдиагæй
дзуры Сырдон. — Ныр мын æнцондæр уыдзæн мæ фæндиаг раны-
майын. Афтæ мæм кæсы, цыма йæ ды зонгæ дæр кæныс, фæлæ
дын уæддæр радзурон, æз цы хистæртæй дæн æрвыст, уыдоны
æцæг фæндиаг.
Лæгтæ хæдзармæ бацыдысты, Сырдон арфæ ракодта фысым-
тæн æмæ Сугъар уайтагъд фынг æрдавта уазæджы размæ, нырма
йыл æвæрд ницы уыд, фæлæ уæддæр æгъдауы нывæн. Æфсин
уæларынг балæууыд æмæ Сырдон базыдта, афтæ цæугæ йын нал
у, ам фæдзурын хъæуы æппæт дæр, стæй абон, сом ма йын фæуы-
дзæн ахæм фадат, уый чи зоны?..
— Сугъар, æз ам Армимаз æмæ Алафарны амындæй дæн. Иумæ
нæм æрцыди ахæм фæнд... Тагъд хуымгæрдæн райдайдзæн. Алчи
йæхи куыстытыл сбукъ уыдзæн, иу иннæйы дарæг нæу, æмæ та
адæмæй тыхстдæр æмæ æгуыдзæгдæр чи у, уый згьуыды аззайдзæн...
370
Исчи сидзæр у, йæ хæдзары ас кусæг ис æви нæй, кусæнгарз æмæ
йын кусæгвос ис æви нæй — æппæт дæр рохы баззайдзысты, æмæ
нын Хуыцау цы хоры къæрмæг радта ацы аз, уый æрдæг фæуы-
дзæн... Мæ хистæрты та фæнды: иумæ куы бакусиккам нæ хуым-
тæ, иу гага дæр дзæгьæлы куыд нæ фесæфа... Уый дæуæн дæр
хъуамæ фæндиаг уа?..
— Йæ куысыфтæг бынтон афтид кæмæн нæу, уымæн ахæм
фæндиаг æнæмæнг уыдзæн йæ уды рæбын, — бахудти Сугъар æмæ
Сырдоны бауырныдта: æцæгæй дзуры.
— Гъе, æмæ кæд афтæ у, уæд уал нæм кусæнгарз цы ис, уый
бадзæбæхтæ кæнæм. Армимаз зæгъы: æрбахæссæнт сæ гæрзтæ —
сцæттæ сæ кæндзынæн дыууæ къуыримæ. Æхсырф кæмæн нæй,
уый дæр исты æфсæйнаджы цъæл уæддæр ссарæд æмæ йын сараз-
дзынæн... Ноджы ма иу фæнд: хуымгæрдæны размæ хуыцаубон
иумæйаг куывд саразæм... Ома куывд Алæгатæм æнæмæнг уы-
дзæн, фæлæ уым хистæртæ æмæ балхон адæм уыдзысты, мах та,
ома Хуагоммæ хуынды чи нæ фæуа, уыдон бамбырд уæм, зæгъæм,
Фæрныджы стыр хæдзары, цыма нæ уый хоны, æмæ уым бадзу-
рæм, куыд кæрддзыстæм, ууыл. Нæ йæ сусæг кæнын — нæ фæнд
конд у развæлгъау: хъуамæ фыццаг бакæнæм сидзæргæс устыты
кой, стæйта æвæгæсæгдæр чи у, уыдон хуымтæ бафснайæм... Сусæг
дын æй уымæн нæ кæнын æмæ фыццаг ды хъуамæ рахæцай ахæм
фæндоны фарс, стæй хъæубæсты дæр сразы кæнай развæлгьау...
Куыд, уый дын амонын нæ хъæуы... Уæ хистæр фыццаг дæумæ
кæй фæдзурын кодта, уымæй базыдтон: хъæуæн сæ фæдисон лæг
ды дæ!..
— Уый мæ æгæр æппæлыс, Сырдон, цæй фæдисон дæн, фæлæ
сæ хъуыддæгты фæдыл хаттæй-хатт ауайын.
— Гъе, æмæ дæ хъуыддаг раст! Æгайтма дæр!.. Фæдисон та
афтæ ма бамбар, æмæ дæ ме ’рвадæлтау лæбурæг хонын... Хъæуы
адæмы рисыл чи батыхсы, уый мæ нымадæй фæдисон у, — Сыр-
дон фæлгъауæг цæстæй бакаст Сугъармæ æмæ уый бамбæрста,
амæн алцы дæр æргом дзурын хъæуы, уæддæр дзы ницы бамбæхс-
дзынæ.
— Мæ мард фен, Сырдон, кæд мæ нымад дæр афтæ нæу. Дæ
зæрдæ дын балхæнон, уый фæдыл нæ дзурын, фæлæ уыдтæн бал-
цы дæр, бæрцæй дыууæ хатты... Фыццаг хатт нын фæрæстмæ,
кæйдæр рæгъау ратардтам æхсæвыгон, фыййæуттæ фынæй уыдыс-
ты, куыйты рæйдмæ дæр ничи ракаст ныхстæрæй, нæ разы ничи
балæууыд, æвыдæй баззадыстæм... Фæлæ дыккаг балц нæ фæрæс-
тмæ: фосы хицæуттимæ кæрæдзийыл дзæхст-дзæхст ралæууыдыс-
тæм æмæ мæн дæр фыццаг хатт лæгмæ мæ арм райсын бахъуыд...
371
Амардтон кæйдæр, ницы мын кодта, уынгæ дæр æй никуы фæкод-
тон... Æмæ цæй тыххæй?.. Иу хом физонæг кæнæ гуыбыны хæр-
дыл!.. Иу къуыри мæ дзыхмæ хойраг нал систон... Загътон мæхи-
цæн — мæ куыдз дын бахæрæд дæ кæрдзын, кæд ды лæг нæ дæ!..
Гуыбыны хæрдыл адæймаджы туджы дæ къухтæ сæвдул æмæ ма
уый фæстæ дæхи лæг хон, уый мæрдты диссаг у!.. Уæдæй фæстæ-
мæ мæ къах дæр нал авæрдтон, кæд мæм уæллаг нарты хъалтæ
додой кодтой, уæддæр... Цы дын æй æмбæхсон, æмкар стæм æз
æмæ ды, æмæ-иу дыл уый размæ мæ зæрдæ худти, — цы лæг у,
балцмæ чи нæ уæнды!.. Фæлæ уæд мæ цыбыр зондыл фæхудтæн:
Сырдон не ’ппæтæй зондджындæр у æмæ уымæн нæ цыди æдылы-
ты фæдыл!.. Уый развæлгьау банымадта — гуыбыны фæдыл тыхми
кæнынмæ чи цæуы, уый маринаг у æхсæны дурæй, æндæр ницы!..
Гъе уый та дын мæ балцы æмæ мæ фæдисы хабæрттæ, Сырдон...
— Бузныг, дæ лæджы хъæдæй! — цины уылæн ахъазыд Сырдо-
ны цæсгомыл. — Бузныг! Раст мын цыма дунейы хорзы бацыдтæ,
афтæ фæци мæ зæрдæ. Барæвдыдтай мæ дæ зондæй æмæ бузныг!
— Уый ницы у, ме ’рвад, хорз уæд уыдаид, æмæ дæ раздæр
искуы куы бафарстаин: цæуылнæ цæуыс балцы? Уæд, чи зоны,
искæй мæгуыр лæппумæ мæ арм нæ райстаин... Фæлæ æрæджиауы
зондæй цæй зонд и?.. Цы кæнон, фат куы суадзай, уæд ма йæ
куыд рацахсдзынæ?.. Æниу, рæстмæ куы уа, уæд æрæджиауы зонд
дæр æппаринаг нæу... Уыцы балцы фæстæ ме ’дылы къоппамæ
æрцыд иу фæрныг фæндиаг: хæсты байсæфт мæ уарзон æмгар, йæ
мард дæр нал сæмбæлд нæ уæзæгыл, æмæ загътон: мæрдты йын
балцы бæх фест, ды йын йæ идæдз æмæ йæ иунæджы искуы истæ-
мæй цух куы ныууадзай!.. Ницы лæг дæн, фæлæ уыцы зонд кæ-
нын абоны онг, — нынкъард Сугъар.
— Фæлæуу-ма, — æрæджиау бафарста Сырдон. — Дæ сæфт
æмгар Сидахъы фыд кæд нæ уыд?..
— Сидахъ?.. Уый та чи у, ахæм нæ хъæуы куы никæй зонын?..
— Хатыр, уый йæ æз рахуыдтон афтæ, тæккæ знон, йе ’цæг
ном та Тæрхъус у, йæ фыд саулæг, дам, ыл сæвæрдта ахæм ном.
— Тæккæ дæр уый у, фыр буцæн æй афтæ рахуыдта...
— Замманайы лæппу!.. Ахæм лæппуйы мадæн баххуыс — фар-
ны хъуыддаг у!
Чидæр дуар æрбахоста æмæ Сугъар фестад, дуармæ бауад æмæ
цины хъæр фæкодта:
— Гъе, Сырдон, æмбисонд дыл æрцыд: кæй кой кæнай — къæ-
сæрмæ! Мидæмæ!
— Ныууадз ма дæ хъазæн ныхæстæ, науæд уазæг ма зæгъа, —
къæсмæ бахызт иу æвзонг сылгоймаг æмæ йæ уындмæ Сырдон
372
фæджихау æмæ фенкъард: дыккаджы Зæринæ!.. /Евæццæгæн,
Алæгон у уый дæр æмæ йыл куыд никуы мæ цæст схæцыд?.. Сау-
лæджы дæр нæ хъуыды кæнын, хорз лæг уыдаид æнæмæнг...
— Куы ницы зæгъын, Алæгон, — бакодта æнæбары Сырдон,
стæй йæ зæрдæ фæфидар кодта. — Раст зæгъ, Алæгон нæ дæ, æви
мæ мæ зæрдæ фæсайдта?..
— Дæ зæрдæ сайаг у æви нæ, уымæн ницы зонын, фæлæ Алæ-
гон дæн, — комкоммæ кæсы Сырдоны цæстытæм, афтæмæй дзуры
сылгоймаг. — Мæ ныхас дæм къæйных ма фæкæсæд. Сиахс нын
кæм баххæссыс, уым уæндын.
— Гъе, æмæ фæрнæйдзаг у, мæ хур, — бафæрæзта ма Сырдон,
стæй та фенкъард.
— Фидар лæуу, Сырдон, мæнæн мæ сæры хицау де ’фсинæй
раздæр ацыд иннæ бæстæм, фæлæ уæддæр цæрын, — хæдзар нæ
бабын, йæ ном дæр нæ байрох. Лæгæн йæ райгуырд дæр æмæ йæ
мæлæт дæр рафæлдисæджы бар сты æмæ цæрын хъæуы, мæлæт
нæ йæ афоныл йæхæдæг агурдзæн...
— Раст зæгъыс, Алæгон, — дзуапп радта Сырдон. — Иттæг раст,
фæлæ дæуæн цæрын æнцондæр у... — ферхæцыд та Сырдон. —
Æнцондæр. Сидахъы хуызæн лæппу кæмæн ис, уый хъуамæ цæра,
стæй зæрдæрухсæй!.. — Ныр Сырдоны зæрдæ æцæг барухс лæп-
пуйы коймæ. — Мæнæ йæ знон базыдтон æз, æцæгæлон лæг, фæлæ
мæ уæддæр мæ бирæ мæстытæ айрох сты æмæ цæрыны фæнд та
мæм фæзынди, мигьы фаринæй хуры тын куыд ракæса, уыйау мæ
зæрдæ барухс, æмæ ды та йæ мад дæ!.. Хъуамæ цæрай, стæй фæр-
нæй æмæ зæрдæрухсæй...
— Гъе, æгæр дзы ма ’ппæл, æндæра сгалиу уыдзæн! — рухсы
атылди сылгоймаджы цæсгом — æхсызгон ын у йæ сабийы хорзы
кой. — Дзырдта мын уæ базонгæйы хабар дæр æмæ æндæр дзырд
нал кæны: æз, дам, иууылдæр Сырдонмæ хъусдзынæн!.. Абон дæр
сæумæцъæхæй уæртæ Хæрисы къохмæ алыгъд: булæмæргъты ма,
дам, кæд заргæ баййафин. Сырдон, дам, мын сæ зарæг афæзмыдта
æмæ, дам, æй кæд æз дæр базонин, науæд, дам, худинаг у, уый,
дам, мын уадындз балæвар кодта æмæ, дам, æз та хуымæтæджы
æхситтæй дарддæр ницы зонын... Гъе, æрмæст, дæ хорзæхæй,
зæгь ын, æмæ хъæдмæ иунæгæй ма цæуа... Дæумæ байхъусдзæни...
— Разы дæн, æрмæст æз та дæуæй курын иу хæрзиуæг: мыййаг
æй мæ фенын куы фæнда, уæд-иу ын бар ратт, дæ хорзæхæй!..
Мемæ йыл ницы ’рцæудзæн, уый зоныс. Æвзæрдзинадыл дæр æй
кæй нæ сардаудзынæн, уый дæр зоныс... Мæнæн та йæ уынд зæр-
дæйы рухс уыдзæн æмæ дæм уый хъыг ма кæсæд...
— Куы йæ фæнда, уæд цæуæд, дæ фарсмæ куы уа, уæд æм мæ
373
зæрдæ æцæг не ’хсайдзæн æмæ мæ куыстытыл æххæсдзынæн...
— Гъе, æмæ стыр бузныг, раст мын цыма хъæбул балæвар код-
тай, афтæ йæ нымайдзынæн!.. Стыр хæрзиуæгыл!.. Ном ыл кæй
сæвæрдтон, уый дæм хъыг ма фæкæсæд. Зонын æй, аппæлыдаид
дын æй, сывæллоны зæрдæ мадæргом у рагæй дæр. Номæвæрæг-
гаг хæдон та мæныл уæд...
— Ныууадз уыдæттæ нымайын, Сырдон. Æгæр æй ма буц кæн,
ды йын цы ’нхъæл дæ, уый нæу. Хуымæтæджы фыййау лæппу,
кæд фыййауæн дæр сбæзза, уæд...
— Хъыг дын ма уæд, Алæгон, фæлæ чи цы уыдзæн æмæ цæ-
мæн сбæздзæн, уый æз дæуæй хуыздæр зонын. Мæ хорзы тыххæй
нæ, æрдзæй мæ фæци ахæм æнæхайыры миниуæг: чи цы у, уый
развæлгъау уынын... Стæй фыййау кæй мады ралгъыста?.. Æз
æнæхъæн афæдз уыдтæн фыййау Бурæфæрныгмæ æмæ мæ хæрв
аивта æви мæ зонд фæцыд?.. Ницы мур дæр. Лæгæй æвзæр зо-
нын, куыстæй æвзæр — нæй!
— Раст зæгъыс, Сырдон, — фысым аивæй бакаст æфсинмæ æмæ
йын уый ацамыдта æнæдзургæйæ: уæливыхтæ цæттæ сты! — фæлæ
мæнмæ æндæр фæнд ис: ныхæстæн сæ хуыздæртæ фьгнгмæ фæуа-
дзæм, науæд нын ницыуал баззайдзæн дзуринаг æмæ тæриъæд у
фынг. Æрбадут-ма!..
Æфсин фынг ацæттæ кодта, æрæвæрдта хæринæгтæ æмæ йæ-
хæдæг æд ронджы хъуырау уазджыты уæлхъус балæууыд.
— Иу ныхасы бар мын ратт, мæ фысым, — ракуырдта Сырдон. —
Æфсин, кæд нæ рæдийын, уæд дæ чысылæй не ’рвадæлты чыз-
джыты ’хсæн федтон, ам æз æмæ дæуæй барджындæр ничи ис
æмæ ма уырдыг кæмæн лæууыс? Ома дæ хæдзары фыццаг хатт
кæй дæн? Æмæ уый цы давы? Мах барджын кæм стæм, уым ды
дæр нæ фарсмæ æрбад æмæ нæ дзырд дæр, нæ фынг дæр нывыл
уыдзысты... Хъуырау Алафарны конд у, уынын æй, æз ын æлыг
куы змæстон, уæд райдыдта ахæмтæ аразын фыццаг хатт. Гъе,
æмæ йæ Сугъары бар бакæн, уый мын сиахс баххæссы æмæ дзы
кæд æндæр амал нæй, уæд нын уый лæггад кæнæд!..
Сугъар фестад, фæлæ йын Сырдон йæ цонгыл æрхæцыд:
— Лæппу, ды мæнæн стынæй ма лæггад кæн, нæ дын æй баны-
майдзынæн, фæлтау нæ иумæйаг фæндиаг аив саразыныл бахъар
дæхи æмæ дын æй мæ зæрдыл дардзынæн мыггагмæ...
Æрбадт Сугъар дæр. Кувыны зын Сырдон йæхимæ райста,
базыдта йæ, Сугъар ын барæй нæ хъæр кодта, Æхсæртæггаты си-
ахс кæй у, балцы дæр æй уыдон кæй акодтой. Ныр иугæр хъуыд-
даг Сырдон йæхæдæг рахъæр кодта, уæд Сугъар кувын нал ба-
уæнддзæн æмæ сæр бахъуыд Сырдоны.
374
Бирæ дзурыныл не схæцыд Сырдон. Æргом загъта, Алафар-
нæн æй æххуыс кæнын кæй хъæуы, æмæ раарфæ кодта фысым-
тæн, стæй ма йæ дзырдмæ бафтыдта:
— Мæнæ цыппарæй бадæм. Нæ фæнд иу у. Ногæй дзы ницы
ис, Сугъар рагæй кæны уыцы хъуыддаг...
— Йæ нывонд мæ уд, уый куы нæ уыдаид, уæд куыд цардаин,
нæ зонын?.. Мæнæ куыд акæнынц: дон мæ нæ хæрдмæ ластаид,
нæ дæлæмæ, — зæрдиагæй дзуры Алæгон. — Ныр ахæм хабар куы
фæфæтк уаид нæртон зæххыл, уæд уымæй хуыздæр цы уаид!..
Стæй йыл чи хъуамæ ма сразы уа? Искæй куы нæ фæнда, уæддæр
æй не суæнддзæн сулæфын адæмы æфсæрмæй... Æниу сулæфæд,
кæд æй а-чызг адæмы ’хсæн нæ ныххудинаг кæна!..
— Гъе, æмæ хуыздæр фæу, Алæгон!
— Сырдон, иу хæрзиуæг дæ курын æз дæр, — суæндыд Алæ-
гон. — Абонæй фæстæмæ мæм мæ номæй дзур — мæ ном Аминæт
хуыйны... Науæд дæм æз дæр мыккаджы номæй куы дзурон, уæд
хорз нæ уыдзæн.
— Разы дæн, — цыбырæй загъта Сырдон. — Дæ ном дын æз
дæр зыдтон, фæлæ дæм номæй барæй нæ дзырдтон, мыййаг дæм
хъыг куы фæкæса...
— Хъыг нæ, фæлæ мын æхсызгон уыдзæн. Афтæ мæм кæсы,
номæй мæм чи дзуры, уый мæ хионыл нымайы, уæлейæ мæм бын-
мæ нæ кæсы, бардуагау. Чи зоны, раст нæу, фæлæ мæ зæрдæхатт
афтæ у...
— Гъе, æмæ уæдæ нæ фæндтæ конд сты: кусæнгæрзтæ Арми-
мазмæ фæхæццæ кæнут. Сидзæргæстæн — лæвар, иннæтæ йын
æвзалы хъуамæ ссарой, æндæр сæ ницы домы. Уый йæхи ныхас у,
йæхи фæндиаг. Дарддæр у æмæ уæхи бацæттæ кæнут усæй, лæ-
гæй, сабийæ — куывд сабиты куывд уыдзæн — æмæ уым, æмбыр-
ды та ног фæтк æрæвæрдзыстæм иумæйаг фæндонæй...
— Хуыздæр фæу, Сырдон, хуыздæр! Нæ зæрдиаг арфæтæ нын
фæхæццæ кæн Армимаз æмæ Алафарнмæ дæр. Стыр бузныг сæ
сты Фæсхъæуы сидзæртæ æмæ сæ ныййарджытæ!.. Ды та, Сыр-
дон, махæн абонæй фæстæмæ æфсымæры ад кæндзынæ, нæ уд
нын кæй барæвдыдтай дæ миднымæр, дæ сагъæсты... Ныр зон-
дзыстæм: ис нын иу кæнгæ æфсымæр а-дунейыл, æмæ-иу нæ уын-
гæджы бон ууыл бакъул кæндзыстæм не ’намонд сæртæ, — Ами-
нæтæн йæ зæрдæ суынгæг æмæ йæ цæссыгтæ кæрдæны къалиуæй
асæрфта...
— Кæд иннæ сидзæргæстæ дæр сразы уой дæ нымадыл, уæд
бузныг уе ’ууæнкæй, — фестад Сырдон. — Цалынмæ мæ уд мæ
мидæг уа, уæдмæ уæм æфхæрд не ’руадздзынæн. Уый мæ бон у...
375
Æндæр уын цы ныфс бавæрон?.. Кæд уæ мæ сæр бахъæуа, уæд
мын мæ халагъуд зонут æмæ-иу мæ уым агурут... Хорзæй баззайут!
Сырдон араст уынджы дæлæмæ, фæзилæнмæ. Сугъаритæ та
йæ фæдыл кастысты, цалынмæ нæ фæаууон, уæдмæ.
* * *
Рацыд Сырдон йæ къæсмæ æмæ йæхи ауагъта тæрхæгыл, кæд
йæ уæнгтæ æрулæфиккой. Фатакуй дæр йæ цуры зæххыл æфсæст
сым-сым кодта. Чысыл куы афынæй уаин, — хъуыды кодта Сыр-
дон æмæ йæ цæсты уæлтъыфалтæ кæрæдзийыл авæрдта, фæлæ
фынæй нæ баци. Боны хабæрттæ йæ цæсты раз сыстадысты æмæ
ногæй мысыд Сидахъы, Сугъары æмæ Аминæты. А мæ хо цыдæр
æгъуыз у, йæ хъæлæс дæр ын рæстмæ нæ фехъуыстон. Æниу, чи
зоны, æфсæрмы кодта: йæ чызджы бонты ныхасмæ никуы ’рцы-
дыстæм, сæрхызт уыдтæн лæппуйæ æмæ мæ цы зоны, цæуыл дзырд-
таид мемæ, иумæйаг мысинаг нын куы ницы ис, уæд?.. Нæу хорз
сæрхызтæй цæрын дæр: иу туг, иу стæг стæм, фæлæ кæрæдзийæн
æцæгæлон... Уæйгуытæй мын уыд æмгæрттæ, мæхи æрвадæлтæй —
никуы!.. Уый цæй цард у?.. Тæргайæ цы хорз хъуамæ рауадавд?..
Ницы... Мæ цард та сонты азтæй фæстæмæ тæргайæ арвыстон...
Ныр ма дзы мæхи кæмæн сбуц кæнон, уый дæр нал и... Уырыз-
мæг æмæ Сатанайæн?.. Æмæ ма сæ цæй Уырызмæг æмæ Сатана
ис?.. Тæригъæд у Уырызмæг, батади, ницыуал дзы аззад... Сата-
на æхсонвидар уыд рагæй дæр, фæлæ уый дæр бадомдта йæ лæп-
пуйы мæлæт... Хъæбулы маст, дам, арс дæр нæ уромы... Ныр нæ
бæлццон адæмæй иуæй-иутæ бæлдзысты Уырызмæджы бынатмæ,
раздзоджы цытджын номмæ. Уыдон ыл, мæнæй-ма, фæрадысты:
Уырызмæг нал и, аззад ма йæ афтид хæрв, хуымы быдыргъ —
тинты кæрцы!.. Цæмæн ыл риссой иннæтæ дæр? Ныббырсты ни-
цыуал ахъаз у, — зæрондæн йæ ном йæ уæлæ ис. Ныхасы, уынаф-
фæйы дæр мæнæ разагъта никуы уыд, фылдæр Сатанайы амын-
дæй кæй архайдта, уый æрвадæлтæ зыдтой, æмæ зонынц. Сатана
дæр алæбырд, Сослан уыд йæ ныфс æмæ йын нал ис. Йæ фæн-
дыл-иу разы Сосланы тæсмæ кодтой, ныр нал ис уыцы тас æмæ ма
йæм цы хъусой, раст куы дзура, уæддæр?.. Уый дын сæ митæ...
Тæригъæд у Уырызмæг... Сатана йæ куы нæ ссы кодтаид сусæг-
æргом, уæд фыдбылызмæ арæзт нæ уыд йæ уды кондæй... Зон-
дæй дæр цух нæ уыд, фæлæ йæ нæ хо сбырста æмæ цы уыд, уый
дæр нал уыд, Сатана дзы цумагæнæн лæппу сарæзта... Ныр дзы
Сатана дæр йæхи иуварс дардзæи — ды мæ не ’ндавыс, ме стыр
маст мæ сæрæй уæлдæр у!.. Афтæмæй та кæд искæй зæрдæ риссы,
376
уæд фыццаг Уырызмæджы зæрдæ: уымæн амард йæ фаззон æф-
сымæр, уымæн нал ис йæ ныфс тызмæг стæрты... Уымæн ахауд
йæ цыты ном... Уый æвзардзæн нырæй фæстæмæ алы хъыгтæ:
стæры-фидистæ, ацы зæронд хæрæг та ма цы рауай-бауай кæны
æвсургъты фæдыл! Ныхасы — дæлгоммæ ныхæстæ... Тæригъæд у
Уырызмæг!.. Абæрæг æй хъæуы. Ныр æм цæугæ дæр ничиуал
кæндзæн, кæй ма цæмæн хъæуы!.. Мæнæн та уæддæр ме ’фсы-
мæр у... Стæй адæмы зæрдæ фыццаг мæныл худдзæн: йæ иунæг
æфсымæрмæ утæппæт зиæнтты фæстæ цæугæ дæр куы никуы ба-
кодта, уæд ма искæуыл куыд бамæт кæндзæн?.. Абæрæг æй хъæуы.
Сатана, æцæг, бустæ кæныныл æмæ фидистыл куы схæца, уæд та
масты хай бауыдзынæн, фæлæ цы кæнон?.. Ныр сæм куы нæ ба-
цæуон, уæд мын фæстæдæр ноджы зындæр уыдзæн, уæд Сата-
найы бустæтæ раст уыдзысты æмæ йæм дзырдхъом дæр нал уы-
дзынæн... Цæуын хъæуы! — алыг кодта Сырдон æмæ фестад. Фæ-
гæпп кодта Фатакуй дæр, фæлæ йын Сырдон загъта: ды ам лæуу,
хæдзаргæс, æхсæв у ныр æмæ уæд та сырд æрбацыди...
Баззад Фатакуй хæдзаргæс, Сырдон рараст Уырызмæгмæ æх-
сæвæрафон.
Сырдон дуар бахоста æмæ Уырызмæг радзырдта:
— Мидæмæ рацу, кæцы дæ, дуар æхгæд нæу!..
— Уе ’хсæвтæ хорз æмæ уын уæ зæрдæйы хорзæх раттæд не
сфæлдисæг!
— Арфæгонд у, арфæгонд! /Егайтма нæ абæрæг кодтай, науæд
мæнæ дыууæ зæрондæй нæхицæн æхсæвæр æрæвæрынхъом дæр
нал стæм, зæрдæ дæр ницæмæ райы, лæг ныхас кæимæ скæна,
уый дæр нал и, — йæ хъæстытæ æргомæй ранымадта Уырызмæг. —
А не ’фсин у æмæ йæ цæсты бын нæ сур кæны, хъарæг ма дзы кæд
фехъусай, æндæр ницыуал...
— Цы кæнон, хуыдзæр бон мыл нæй æмæ цы кæнон?.. Цы ма
нын баззад кæуыны йеддæмæ?.. Кæуинаг чи фæвæййы, уый æн-
дæр цы кæна?.. — фæсус æмæ ныллæг хъæлæсæй дзуры Сатана.
Ахæм нымдæй йæ никуы федта Сырдон æмæ йæм диссаг фæкаст:
маст æцæг куы бадомдта ацы усы!.. Æз ма йын фидардæр æнхъæл
уыдтæн... Исты ныфсытæ сын авæрын хъæуы, кæд сæм хъыг нæ
фæкæсид.
— Цæмæн зæгъыс, мæ хо, ахæм зæрдæсаст ныхас та?.. Цæрæг
хæдзар куы стут нæртон дунейы. Уырызмæг нартæн се скаст куы
у канд уынаффæйы нæ, фæлæ сæ тыхы сæр куы бахъæуы, уæд-
дæр? Уæдæ нæртон сылыстæгæй кæд исчй разагъта лæгты æмсæр
нымады цæуы, уæд уый та Сатана у... Нæ уыл фидауы масты
фæдыл уæхи афтæ ауадзын. Раст у, хъæбулы маст арс дæр нæ
377
уромы, фæлæ арсæн йе сфæлдисæг зонд нæ радта, лæгæн та зонд
уымæн ис æмæ дзы хъуамæ йæ рисыл дæр фæтых уа, абырса йæ,
йæхи бадомын ма бауадза...
Хъарм къухы ныхæстæ уын нæ кæнын, хъæбулы маст циу,
уый бавзæрстон мæхи удæй æмæ уымæн афтæ дзурын. Гъе стæй
ма нымайын хъæуы иу хабар: нарт стырæй-чысылæй уæ мастыл
мæтгæнæг не сты... Ис дзы, уæ мастыл чи фæрад, ахæмтæ дæр.
Чи исты зæронд масты фæдыл, чи та йæ къах æркъуырдта: Уырыз-
мæг фæцудыдта æмæ ныр хистæриуæг мæнмæ хаудзæн, кæд нæр-
тон ныхасы нæ, уæддæр — хæстон балцы!.. Уыдзæн ма æндæр
зондыл лæуд адæм дæр, æмæ уыдон цæстмæ уæддæр фæхæцут
уæхиуыл...
Иунæг лæг йæ бонтæ рацу-бацуйыл хардз кæны æмæ æз дæр
лекка кæнын нæ зæххыл, уæдæ цы фæкæнон мæхи бон-изæрмæ?..
Гъе, æмæ уæ федтон цалдæр хатты уæлмæрдмæ цæугæ изæрыгæт-
ты, уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй... Нæ мæм кæсы уый дæр хорз...
Зонын æй, хъыджы бон лæгыл йæ зæрдæ тых у, фæлæ ма ахъуы-
ды кæнут, канд æз уæ фенын? Цы фæзæгъы, фыд-зæрдæ уæм чи
дары, уый та? Хæрзаг фæцин кæны: цæут, цæут ноджыдæр! Уæл-
гъæдæй дзы бахус ут!
— Бæргæ рæстытæ дзурыс, не ’фсымæр, — фыццаг хатт хъусы
Сырдон Сатанайæ дзырд «æфсымæр», уый дæр цыдæр рæвдауæн
хъæлæсæй, æмæ йæм диссаг фæкаст, стæй та йыл маст бакодта:
асаст йæ хъару ацы сылгоймагæн! — фæлæ ма лæджы йæ уæрц-
цаджы зæрдæ фæрсы?.. Мæнмæ дæр æрцæуы ахæм хъуыды —
фæрайдзысты ныл, хæрам нæм чи у, уыдон, фæлæ цы кæнæм?..
Ныр хисты бонæй фæстæмæ нæ тæфтыл дæр ничиуал ацыд, уый
фыруарзоны гакк у цы?.. Фæлæ цы кæнон?.. Хуыздæр фæу, ды
ма нæ абæрæг кодтай... Ма мæм фæхъыг у, фæлæ дæ æз уый
æнхъæл нæ уыдтæн æмæ дæ домгæ дæр нæ бакодтаин ахæм хъуыд-
дагыл — бирæ мæстытæ нæ зоныс æмæ дын зын у ардæм цæуын...
Фæлæ уæддæр раст дзырдтой фыдæлтæ: æфсымæр уæддæр æф-
сымæр у, цыфæнды хыл ма уай, уæддæр дæ хъыджы æмæ дæ
зыны бон дæ фыццаг фæдисон уый у...
— Цæй фæдисон ис мæнæй, фæлæ иу мады дзидзи фæдадтам
æмæ уый куыд хъуамæ ферох уа, уæд ма цæй адæм уыдзыстæм?
— Хуыздæр фæу, ме ’фсымæр, раст цыма мæ мастæн йе ’рдæг
ахауд, цыма иунæг нал дæн а дунейыл, афтæ мын фæци де ’рба-
цыд... Бузныг, æндæр дын цы зæгъон, — йæ цæсты сыг хистæр
æнгуылдзы уырзæй асхъаудта Уырызмæг. — Не ’фсин, исты ма
нын фен. Ацы хатт ма бамбырд стæм æмæ бинонты уагыл аба-
дæм... Иууыл нæхи куы ’ргæвдæм, уæд ма уымæй дæр цы рахæс-
378
дзыстæм... Уæддæр та адæмы ’хсæн цæрын хъæуы, стæй — уынаф-
фæ дæр, уæдæ куыд?..
Сатана сын фынг æрæвæрдта сæ разы, стæй ронджы хъуырау æмæ
йæхæдæг дæр сæ фарсмæ æрбадти. Сырдон кæстæриуæг йæхимæ рай-
ста, ныуазæны ронг æркодта æмæ йæ Уырызмæгмæ радта. Рухс загъ-
той сæ мæрдтæн, æгъдау цы амыдга, иууылдæр сæ нывыл бакодта
Уырызмæг, стæй уæд рахызт, дарддæр цы чындæуа, уый нымайын-
мæ... Бирæ фæрабар-бабар кодта, фæлæ бæлвырд фæндмæ не ’рцыд.
Сырдон бамбæрста, ацы «цы чындæуайы» тыххæй уыд ныхас лæг
æмæ усмæ, фæлæ иу фæндмæ не ’рцыдысты æмæ сæ фæнды Сырдо-
ны хъуыды базонын. Нæ фæнды Сырдоны ацы хъуыддаджы ба-
цæуын, фæлæ куы ницы зæгъа, уæд уыдон сæ фæнд бæлвырд нæ
раргом кæндзысты æмæ Сырдоны та уый базонын фæнды...
— Мæ цыбыр зондæй ам æрмæст дыууæ фæндаджы ис: иу —
туг, иннæ — фидауын... Кæцы дзы равзæрстæуа, нæ зонын... Фæлæ
адæмæй куыд хъусын, афтæмæй дзы цыма лæппу æнæазым нæ
уыд, цыма нæ туджджыны чызгæй фæхынджылæг кодта... Кæд
рæстдзинад ис ацы дамы, уæд мæм фидауын хуыздæр кæсы... Кæд
хъуыддаг тыхы сæрыл æрцыд, уæд фидыд нæу сæрмæ хæссинаг...
Фæлæ уæддæр мыггаджы бафæрсыи хъæуы — хæцын уыдон ба-
хъæудзæн æмæ цы цæстæй ракæсдзысты нæ фæндиагмæ, уый раз-
вæлгъау хъуамæ зонæм...
Сырдон дзургæ Уырызмæгæн кодта йæ фæндийæгтæ, фæлæ
йæ хъус та Сатанамæ дардта æмæ йæ цæсты тигъæй фæхатыд,
чызджы худинаджы коймæ куыд фестъæлфыд, уый. Æцæг дзургæ
ницы скодта æмæ Сырдон анымадта: йæ лæгæн хабар нæ рахъæр
кодта, Уырызмæг æй нæ зоны!..
— Дамтæ мæ хъустыл дæр æрцыд, фæлæ уыдон хæрам лæджы
æрымысгæ хъуамæ уой... Ахæм хабар, уæд æй лæппу йæ мадæн
уæддæр хъуамæ загътаид...
— Ахæм хабар радзурын лæппуйæн зын у, йæ мадæн уæлдай-
дæр, — Сатана иу цæхгæр каст фæкодта Сырдонмæ æмæ уый бам-
бæрста, фæбузныг дзы, ныр æм Уырызмæджы зæрдæ нал æхсай-
дзæн. — Фæлæ гæнæн ис, æмæ йæ искæмæн йæ хорз æмгæрттæй
раппæлыдаид. Чи зоны, йын йе ’мгæртты бафæрсын æмбæлы...
— Уый дæр у, фæлæ, мыййаг, уыдон дæр истытæ куы мысой
сæ хистæрты зондæй, ома азым нæхионмæ аппарæм æмæ хъуыд-
даг фидыдыл ахицæн уа, науæд хæцын хъæуы, æмæ сæ бардуаги-
мæ хæцын тынг бафæнда, уый мæ нæ уырны, рагæй сæ зонын...
— Уый дæр нымаинаг у. Мыггаджы бафæрсын дæр дын уымæн
загътон... Хæцыныл куы ныллæууæм æмæ иунæгæй куы аззайæм,
уæд худинаг у...
379
— Худинаг, стæй бæсты дзаг худинаг!.. Уæд ма мæ сæрæн иу
хос зонын æмæ йæ бакæндзынæн: дæлæ Арпаданы мæхи былæй
нысхойдзынæн, кæд мæ йæ бынмæ фæласид!..
— Уый зонды ныхас нæу, ме ’фсымæр, — сабыр хъæлæсæй
уайдзæф кæны Сырдон, Арпаданы был æз дæ разæй уыдтæн ахæм
фæндимæ, фæлæ мæнæн дæр æдылы ми уыдаид, дæуæн та æппын
никæй зæрдæмæ фæцæудзæн... Уыдæттæ ныууадз, фæлæ уал
мыггаджы лæгты хъуыды базон, стæй хабар туджы фæндагыл
цæмæн ацыд, уый дæр, æмæ уый фæстæ иу фидар фæндыл ныл-
лæуу... Æндæр мæм ницы уынаффæ ис ныртæккæ... Ахъуыды кæ-
нут ноджыдæр мæнæ Сатанаимæ. Мæ зæрдæ ма, æцæг, ’хсайы иу
хъуыддагмæ: цы зæгъдзысты иннæ бардуæгтæ?.. Мыййаг сæ ду-
аджы сæрыл гæрæхтæ куы райдайой æмæ бынтон куы ныггалиу-
тæ уæм?..
— Куыдзы тугæй æхсад сты иууылдæр, къупыритæ æмæ галиу-
тæ, чи сын цы бамбардзæн! — мæсты схъиуд фæкодта Уырызмæг.
Сырдон йæ мидбылты зына-нæзына худт бакодта: Уырызмæг Са-
файы мастæй «гаццатæ» зæгъынмæ хъавыд æмæ Сатанайы саутæй
фефсæрмы, уымæн ныддаргъ кодта йæ «галлиутæ».
— Раст зæгъыс, ницæййаг сты, фæлæ куы февварс уой, уæд
нын хорз нæ уыдзæн æмæ уый нымайын хъæуы... Цæй, хæрзæх-
сæв уал раут! Фæцæуон æз дæр мæ халагъудмæ, рæйæджы ’вджид
æй ныууагьтон, — фестад Сырдон.
— Хæрзæхсæв у ды дæр, мæ хур! — зæрдиагæй сдзырдта Сата-
на æмæ Сырдон йæ миднымæр алыг кодта: фæци ууыл нæ хыл,
абонæй фæстмæ фидыд, мæ зæрдæ мын никуы ссардзæн, фæлæ
хыл нал... Фæци, базæронд стæм, хæрамы адæм нал стæм дыу-
уæрдыгæй дæр...
Фæндагыл Сырдон Уырызмæджы ныхæстыл йæ цæст рахаста
æмæ йæ цæсгом бахудызмæл: мæнæ цæуыл уыд Армимазы тыз-
мæг мадзура абон — Уырызмæг, æвæццæгæн, хистæртæй искæ-
мæн загъта туг исыны фæндиаг æмæ йæ Армимаз фехъуыста...
Фæтарст: ныр та нæ дауджытимæ хæсты нытътъысдзæн Сатана
æмæ нарт быныскъуыд фæуыдзысты!.. Тыхсинаг хабар у, фæлæ
цыма Уырызмæг æмæ Сатанайы дæр тынг нæ фæнды бардуæгти-
мæ хæцын, афтæ мæм фæкаст. Хистæртæ цæхгæр куы зæгъой,
хæцгæ нын нæу, уæд ууыл сразы уыдзысты... Хистæртæн та ацы
фæнд мах хъуамæ зæгъын кæнæм!
Сырдон йæ фæндаг æгæр дзæбæх кæй уыдта ацы æнафоны,
уый.йæ скæсын кодта хæрдмæ, уæлæрвтæм. Уым арвы фæлæзæрд
цъæхы, мисыны мидæг — царвы гуымбылау, сындæг тылди цæл-
хыдзаг мæй... Сырдонæн йæ зæрдыл æрбалæууыд, кæддæр тæр-
380
гай куы ралыгьд нарты ныхасæй, тыфылтæ калгæ, куы фæкалд
æмæ йæ цæстыл мæйы тымбылæг куы ауад, уасæджы гом фæстаг
æй куы рахуыдта... Æнкъардæй бахудæгау кодта Сырдон: лæг йæ
мæстæй цынæ зæгъдзæн!.. Уæлæрвтæн мах æнамонд дуне йæ
фæсонæрхæджы дæр нæй... Кæрæдзи куы нæ хъæуæм, уæд ма
мскæй сæрнизæн бахъуыдыстæм?.. Тыхсын та райдыдта Сырдоны
хъуыды, фæлæ йыл йæ фæллад æртæфсти æмæ йæ нæ фæндыд
уыцы æнæрайы фæндагыл цæуын ногæй... Куыддæрты бахæццæ
йæ къæсмæ, Фатакуйыл дæр нал баузæлыд, æнкъардæй ныххуыс-
сыд тæрхæгыл. «Райсом Армимазимæ аныхас хъæудзæн... Кæд
йæ зæрдæрис фæлæууид...» — ахъуыды ма кодта Сырдон æмæ
тæгæр фынæй аци: уæнгты фæллад фæтых зæрдæйы рисыл, хъуы-
дыйы катайыл.
* * *
Райсомырдæм та Сырдон кæд уыдта ай-размæйы фыд фын:
тыгъды зæй... Цæссыгау хъæрмуст дон сæх-сæх кæны... Арвы
гæрæхтæ!.. Судзгæ æхсидæвтæ тæхынц уæлæрвтæй æмæ зæхх
хуынчъытæ кæнынц, сыгъды пиллæйттæ æмæ сау фæздæджы фæл-
гуыртæ арвыл æмбæлынц... Сырдоны цыма садзгæ ныччынди ду-
нейы бæстастæу — иу ран лæууы, фезмæлын йæ бон нæу æмæ
æрдиаг кæны: Фæдис! Лидзгæ! Æмбæхсгæ!.. Йæ гом цæнгтæ ива-
зы уæлæрвтæм, æртхъирæн кæны, цыдæр тæригъæдтæ хъары кæ-
мæндæр, фæлæ никуыдæм хъуысы йæ хъæр, ничи йæм хъусы,
йæхæдæг та искæмæ фæцæуынæн нæу, бæгьæмсарæй лæууы, къæв-
дайы дон лæсæнтæ кæны йæ цæсгомыл, йæ сæры тенкайæ йæ къæх-
ты бынмæ... Бæстæ судзы, сæфы æмæ ничи ис дунейыл, кæмæ
адзура æххуысмæ, ахæм!..
* * *
Сырдон йæхи дзыназынмæ райхъал, нал фæгæпп кодта айраз-
мæйау, фæлæ æндзыг æмæ дзагъырдзæстæй баззад тæрхæгыл
уæлгоммæ, цыма арвы судзгæ æхсидав ахызт йæ зæрдæйы, афæл-
дæхт æмæ ма йæ цæстытæ сæ мæрдонвæндагыл фæстаг уайдзæфы
каст кæнынц уæлæрвтæм...
Цæй фæдыл уа ацы мæрдон тасæй амæст фын?.. Куы никуы
уыдтæн фынтæ уынаг, уæд мыл цы ’рцыд?.. Кæд, мыййаг, раст
дзурынц фыдæлтæ — фынтæ дæр Хуыцауы фæндæй уыны лæг?..
Армимазæн радзурын хъæудзæн дысоны хабар, Уырызмæджы
фæндийæгтæ... Уый, чи зоны, ахæм исты дæр зоны, Уырызмæг
381
мæнæн кæй нæ рахъæр кодта... Цæуын хъæуы, Алафарнæн дæр
аххуыс кæнон... Хорз уаид хуымгæрдæны размæ Сагсуры абæрæг
кæнын дæр... Замманайы лæппу ис Фæрныгæн дæр... Йæ цæсты-
тæ арвы къуырфæй стырдæр!.. Цæй, цæуон... Нæ, цыфæнды куы
фæуа, уæддæр Фатакуйы донмæ кæнын хъæуы, кæд дуне иннæр-
дæм фæлдæхдзæн, уæддæр: тæригъæд у Фатакуй... «Урсдзых!
Цæугæ!».
Ацы хатт Фатакуй ленчытæй нæ бафсæст, фæлæ йыл цы бон
уыд — Сырдон тагъд кодта йæ куыстмæ æмæ нæ уыд æндæр гæ-
нæн!.. Цыдæртæ ахордтой æмæ Сырдон кæртмæ куы рахызт, уæд
Фари дæр æрбахæццæ æд аходæн... Сырдон ын фæтæригъæд код-
та: йæ арæзт хæринагæй мын ацаходыны фадат дæр нæй... Фыц-
цаг хатт æй систа йæ хъæбысмæ, йæ цæстытæм ын бакаст æмæ
йын афтæ зæгъы:
— Фари, мæ чызг, ма мæм смæсты у, тынг тагъд кæнын, фæлæ
мæ фæссихор ардæм хъæуы æмæ уæд нæхи дзæбæх бафсаддзыс-
тæм дæ хæринагæй. Ныр та уал Фатакуимæ хъазут, æз та хъуы-
рæутты паддзахмæ фæкæсон. — Фари йæ фыды коймæ бахудти
къуызгæйæ æмæ зæхмæ æрхызт Сырдоны хъæбысæй. «Хорз, — загъ-
та, — хæдзармæ дæ зæрдæ ма ’хсайæд, мах ам уыдзыстæм...»
Алафарн æмæ Ардагъу сæ куысты уæлхъус уыдысты æмæ сæм
Сырдон дæр баиу. Куыстой æнæ сыбырттæй, алчи йæхицæн цы-
дæртæ хъуыды кодта, фæлæ сæ иумæйаг ныхасмæ не ’вдæлд.
Сырдонæн йæ зæрды уыди, чысыл фæстæдæр Армимазмæ бауа-
йын, фæлæ кусыныл фæци æмæ дзы айрох, æмæ сæм уæдмæ Ар-
мимаз йæхæдæг фæзынд.
— Хъуырауы бардуаджы хорзæх уæ уа! — хъæрæй сæм бадзырд-
та Армимаз. Йæ былтыл худыны бæрджытæ уыд, фæлæ йæ цæсты-
тæ кастысты æнтъыснæгæй, цыма дысон фынæй дæр нæ баци,
уыйау. Сырдоны ныр æцæг бауырныдта: лæг цыдæр зоны, цæуыл-
дæр тыхсы йæ миднымæр, фæлæ йæ нæ хъæр кæны, тæрсы — нæ
къухтæ куы ауадзæм æмæ нæ фæндтæ иууылдæр куы фехæлой...
— Йе-йе, Куырдалæгоны цумайы лæппу, кæд æлыгæй æфсæй-
наг аразынмæ нæ хъавыс? Æлыггур æрбауадтæ æви? — хъазы
Сырдон, йæ фæнд та у: лæг дзурыныл куы фæуид æмæ дзы исты
куы сирвæзид йе ’мбæхст сагъæстæй.
— Зонды къуыбар дæ бæргæ рахонин, æлыгæй мын æфсæйнаг
аразын куы бацамонис, уæд, фæлæ кæм ис ахæм зонд Сырдонмæ
дæр!.. Дзыхæй рæвдз у, æцæг. Ныццитт-цитт кодта æнæхъæн Фæс-
хъæуыл: Армимаз уын уæ кусæнгæрзтæ лæвар сифтонг кæндзæн,
æрмæст ыл сæ афоныл сæмбæлын кæнут. Сидзæргæстæй — ницы
исы, иннæтæй дæр — æрмæст æвзалы!.. Гъе æмæ сæумæцъæхæй
382
мæ къæсæрыл æрбалæууыдысты дыууæ галгуыфы дзаг æхсырф-
тæ. Цы бон мæ ис, сифтонг сæ кæндзынæн, дыууæ гъæйтт-мардзæ
æххуысы лæппуйы дæр мын бамбал кодтой, фæлæ базыдтон: дыу-
уадæс сидзæргæс усæн æппындæр нæй æхсырфтæ... Сæ аразын
мын цас зын у, фæлæ — цæмæй?
— Гъе уый у дæ тыхсты сæр? — худы Сырдон, цыма æппындæр
ницы ис тыхсинаг а дунейыл, æмæ Армимаз фæсайды: айрох æй
йæ сусæг мæт æмбæхсын.
— Уый ницы у, дæумæ гæсгæ? Кæм арон æфсæйнаг? Никуы
нс! Мæн та нырæй тынгдæр йæ сæр никуы хъæуы. Уæлæ мын
Уазайы хох æфсæйнаг куы фестид, уæддæр дзы нæ бафсæдин...
— Диссаг, — бацымыдис Сырдон. — Уазайы къуыпп дыууадæс
æхсырфæн æгæр бирæ нæу, æви ма дæ æндæр истæмæн дæр
хъæуы?
— Дзæгъæлы куы нæ дзурис, — йæхи фæтылиф кодта Арми-
маз, афтæ йæм фæкаст, цыма Сырдон йæ сусæг масты фарсмæ
балæууыд. — Фæлтау исты амал æрымыс, цæмæй саразон æх-
сырфтæ.
— Цæй, цæуыл стыхстыстут, — дзырд баппæрста Ардагъу. —
Уæртæ мæнмæ дунейы фаты цъæлтæ, æмæ уыдонæй дыууиссæдз
æхсырфы дæр рацæудзæн.
— Уый дын лæджы ныхас! — бацин кодта Армимаз. — Куы сæ
фенон мæ куырдадзы, уæд дын иу минас мæнмæ, стæй иæртон
минас! — ныфс бавæрдта Армимаз.
— Мæнæ ма æххæст ацы султъы аууæрдон, стæй дын сæ дæ
дуарыл балæууын кæндзынæн...
— Дæуæй бузныг, уæйыгхор, ахæм хорзы мын рагæй ничиуал
бацыд, фæлæ ма мæнæ Сырдонæй дæр исты куы рантысид, уæд
абон райсом рувас кæуыл амбæлд, уый мæнæ æз! — æцæг цин
кæны Армимаз.
— Сырдон дæр исты кæд самал кæнид, — дзуры йæхицæй Сыр-
дои. — Иуахæмы федтон Хуагомы мæнгагъуысты дунейы рæхыс-
тæ калдæй: иутæ зæрæдтæ, иннæтæ — дзыхъхъынног. Чи зоны сæ
аразгæ дæр дæхæдæг скодтай, ног рæхыстæ кæм хъуамæ ссардта-
ид Хуагом?..
— Ног рæхыстæ бæлвырд мæ арæзт сты, стæй бæсты дзаг —
фондз æмæ ссæдз рæхысы... Кæм ын уыд æфсæйнаг, уый дæр
мын не схъæр кодта, чъынды æмæ хинæйдзаг у.
— Ницы дзы рантысдзæн, уымæй раст зæгъыс, — цыдæр æнæ-
мæтæй дзуры Сырдон. — Фæлæ дзы кургæ чи кæны? Уыцы зæ-
ронд рæхыстæ Хуагомы æвастæй чи ралухдзæн, уый мæнæ дæ
цæсты раз. Ног рæхыстæ йын нымад уыдзысты, фæлæ зæрæдты
383
нæ дардзæн йæ зæрдыл... Ахсæв дæм сæ схæццæ кæндзынæн, цал
рафæразон, уал дзы сæккой кæндзынæн, стæй Алæгаты сыхы куы-
дзы хæпп дæр нæ фæцæудзæн. Зонын æй, æфсæйнагхор дæ, уымæй
нæ бафсæддзынæ, фæлæ ма дын кæм самал кæнон, ницы мæ сæ-
рæн зонын, — барæй тыхст хъæлæсæй дзуры Сырдон.
— Хъæугæ та куыннæ кæны, къудзийы тæрхъус æмæ рæхысы
хафына, фæлæ кæм хъуамæ ссарай? Никуы...
— Уый та куыд никуы? Иу æвæрæн ма зонын, фæлæ дын æй
не схъæр кæндзынæн дыууæ минасы мын куы ныббæттай, уæд-
дæр, — фидарæй дзуры Сырдон.
Минасы коймæ Ардагъу йæ хъустæ фæхъил кодта:
— Ай æцæг хин æмæ кæлæн куы разындтæ, Сырдон, минас
дæхирдыгæй цæмæй бауа, ууыл архайыс, фæлæ дæ гал — æгæв-
дæс! А-гъа, фæци мæ султъы дæр, — арæхстгай æрæвæрдта сы-
джыты тула фæйнæгыл Ардагъу æмæ йæ къухтæ бæлæгъы доны
æхсынмæ фæци. — Ныртæккæ цæуын, Армимаз, æмæ дын хъæбы-
сыдзаг фаты цъæлтæ бахæсдзынæн. Минас та — дæуæй!
— Уый мæ быгъдуан, уæйыгхор, фæлæ-иу фатты цъæлтæ иуварс
æрæвæрут, стæй сæ мæхæдæг бафснайдзынæн. Фæцæуын æз дæр,
мæнæ ма кæд ацы тæрхъусæй исты расаин...
— Уый æнцон сайæн нæу æмæ уал æз цæуон, — йæ лæдзæг æм
радта Сырдон æмæ куырм бæгъатыр хъавгæ-хъавгæ араст сæ хæ-
дзармæ.
— Уæдæ æртæ минасыл дæр не схъæр кæнис де ’вæрæнтæ, и? —
хъазтæмхасæн къахы Армимаз Сырдоны.
— Иу минасыл дæр, æрдæг минасыл дæр, æппын ницæуыл
дæр — разы дæн, æрмæст æргом радзур мæнæ нæ дыууæ Алафар-
ны раз: цæмæн дæ бахъуыд афтæ зæрдиагæй æфсæйнаг, цы ара-
зынмæ хъавыс?..
— Уый та дын цы фарст у? Нæ йæ зоныс, цы аразын æфсæйна-
гæй, уый?.. — хаты Армимаз цыдæр хин Сырдоны ныхасы, фæлæ
дзы куыд фервæза, уый нæ зоны æмæ фарстæн фарстæй дзуапп
уымæн дæтты.
— Искуы ма нæ зонын: фыццаджыдæр хæцæнгæрзтæ, стæй
кусæнгæрзтæ, — нымайы Сырдон. — Фæлæ дæ ныр цы уæлдай
бахъуыд гæрзты сæр? Искæмæ ныббырсынмæ хъавыс, мыййаг,
æмæ йæ уæд цæуылнæ хъæр кæныс, æви дын мах фæсдуар ам-
бæхсинаг стæм? — йæхи фæтызмæг кодта Сырдон.
— Цæй хæсты кой кæныс, ницы дын æмбарын...
— Мах та уый не ’мбарæм, цыдæр æмбæхсыс махæй, тыхсыс
дæхи мидæг, фæлæ йæ нæ хъæр кæныс, æмæ уый циу?.. — уæндо-
нæй дзуры Сырдон. — Зæгъ дæхи дзыхæй дæ масты сæр æмæ йыл
384
иумæ ныссагъæс кæнæм, науæд худыс, дзурыс, хынджылæг кæ-
1гыс, дæ цæстыты та, уарыны мигъау, цыдæр уæззау маст рауай-
бауай кæны, къуырттон каркау — цъиусуры тасæй...
— Диссаджы лæг дæ, Сырдон, ницы мæм ис дзуринаг æмæ
мысгæ æркæнон? — ныхкъуырдæй дзуры Армимаз. Хины лæг нæу,
йæ зæрдæйы уаг — йæ цæсгомыл бæрæгæй зыны, æмæ йæ нæ
фендзæн æрмæст Ардагъуйау куырм лæг.
— Ницы дæм ис дзуринаг? Хорз, уæдæ мын Алафарн æвди-
сæн, æз дын дæ дзуринаг ранымайдзынæн, æрмæст раст куы дзу-
рон, уæд-иу басæтт, — абырста Армимазы Сырдон æмæ йæ фæс-
тæмæ сдзурыны бон дæр нал фæци. — Ды фехъуыстай Уырыз-
мæджы ныхас нæ мыггаджы хистæртимæ: исты сæрфат нæ тудж-
джын Барсæджы цалхæн: йе — маргæ, йе — фидаугæ!.. Уырыз-
мæджы фæнды туг райсын — Барсæджы уызыны æркæрдын. Фи-
дыдæн ис æфсон, фæлæ йæ æмбæхсынц, сæ фæндиаг — сæ тых
бавзарын, сæ ном скадджын кæнын. Ды дæ нымайаг зондæй ха-
тыс: уый стыр фыдбылызы райдиан у нартæн... Барсæджы ама-
рын стыр зын нæу, фæлæ иннæ дауджытæ, Хуыцауы фæдисонтæ
разы сты ууыл? Уыдон дæр куы рацæуой хæстмæ, уæд сын цы
бакæндзæн нæртон дзыллæ? Сæфты къахыл ныллæудзæн, æндæр
ницы... Ды уый зоныс æмæ тыхсы дæ зæрдæ, катай кæны дæ хъуы-
ды, фæлæ дæ нæ фæнды, уыцы катайæ мах дæр фæхайджын уæм,
уый æмæ йæ æмбæхсыс... Гæрзтыл дæр уымæн батыхстæ: мый-
йаг, исты, уæд æдзæттæ ма уой нæртон дзыллæ... Гъе уый —дæ
сусæг, кæд дзы исты раст нæ радзырдтон, уæд мæ бараст кæн, —
Армимазы раз лæууы, йæ цæстытæм ын кæсы, афтæмæй фат-
дзæгъдæн кæны Сырдон.
Алафарн сæм фыццаг рæстмæ нæ хъуыста, фæлæ Сырдоны
фæстаг хъуыдыйæ йæ зæрдæ ныккæрзыдта, йæ цæсгом ныттар,
йæ тыхджын къухтæ æлыджы тьыстæй баззадысты, йæ армы дзыхъ-
хъы æлыг хъæрзæгау кæны, фæлæ йæ уый нæ хаты, йæ хъуыды
Сырдоны сагъæсы аныгъуылд æгасæй.
— Мæ фыдыстæн, Сырдон, кæд æцæг хингæнæг нæ дæ! —
æрæджийау дисгæнгæ сфæрæзта Армимаз. — Раст радзырдтай
хабæрттæ. Цы ма дзы не ской кодтай, уый та — нæ фæнды хистæр-
ты хæцын, нæ фæнды кæстæрты дæр, фæлæ сæ балхоны туг æиæ-
ист ныууадзой, уый дæр сæ сæрмæ нæ хæссынц... Афтæмæй фыд-
былызы сæр нæхæдæг стæм... Зылынкъахы æмгæрттæ дыууæйæ
зонынц: а нæхион фæхудинаг кодта тыхæй Барсæджы иунæг чыз-
джы æмæ йæ нæ уæзæгмæ æркодтаид, уый фæнд æм нæ уыд...
Барсæг дæр йæ маст райста... Ныр уый мард у æмæ мах та фыд-
былызы ныссагъдыстæм... Мæ зæрдæ мæм дзуры: Хуыцауы ’фсад
25 Сырлонм цæссыгтæ
385
иууылдæр Барсæджы фарс уыдзысты... Иу Уастырджийæн нæ
зонын, иннæтæй нæ фарс ничи уыдзæн æмæ сын цы бакæндзыс-
тæм?.. Хæстамонд махырдæм куы фæкъул уа, уæд та Хуыцау
йæхæдæг растдзæн нæ ныхмæ æмæ нарт быны сæфт фæуыдзыс-
ты... Кæфхъуындарау нæм фыдбылыз йæ ком ныххæлиу кодта
æмæ куыд нæ катай кæнон, гъа?!. — ныфссастæй дзуры йæ зæрди-
аг масты сæр Армимаз...
— Уый æцæг сæфты хъуыддаг куы у, — ныуулæфыд Алафарн
æмæ йæ къухтæм фæкомкоммæ. «Цæй куыст ма у, былæй хауын-
мæ куы ’рцыд нæртон дзыллæ, уæд ма хъуырæуттæ кæй æнда-
вынц...» — хъуынтъызæй йæ къухтæ æхсыныл фæци Алафарн.
Сырдон хъусгæ Армимазмæ кодта, йæ цæст та Алафарнмæ дард-
та: цы хуызы ныххиздзæн ацы тæссаг уац йæ зæрдæмæ?.. Исты
ныфсы таг ма йæм аззайдзæн æви тасы равг абырсдзæн ацы дур-
видар лæджы дæр?.. Уый йæ къухтæ æхсыныл куы фæци, уæд
дзы Сырдон йæ бон базыдта æмæ йæ хъуыды сындæггай бийыныл
схæцыд:
— Уæгъды мæ тæрсын кæнут, уæ дыууæ дæр... Тæссаг хабар
у, æнæмæнг, дæ зонд цы хабæрттæй тæрсы, уыдон раст нымад
сты... Уырдæм куы ахæццæ уа хъуыддаг, уæд æцæг сæфты хабар
у, фæлæ... Уырызмæг æмæ Сатана цы уыдысты, уый нал сты,
хивæндæй хæцынмæ бырсой, адæмы ма бафæрсой, уый дзы нæ
уыдзæн. Уырызмæг хæцыны лæг нал у, ныр хæцгæ мыггаг хъуа-
мæ кæной æмæ фæрсинаг сты... Ам адæм цы зæгъдзысты, ууыл
баст у хъуыддаг. Уым та мах зонд дæр фæсдуар амбæхсинаг нæу...
Дысон æз уыдтæн Уырызмæгтæм, бирæ фæныхас кодтон семæ...
Раздæры хæстмондаг æмæ хивæнд нал сты, фæлæ æнцон басæт-
тæн дæр не сты... Дзурын хъæуы семæ, уынын сæ хъæуы... Куы
сæм бацæуиккат ахсæв, ома уынынмæ, уæд хорз уаид, бæргæ...
Иннæтимæ дæр аивтæй дзурын хъæуы, уæлдайдæр хабарæн йæ
райдиан чи зоны, уыцы лæппутимæ, — хистæртæ сæ куы фæрсой,
уæд цæмæй рæстытæ радзурой... Хъуыддаг хъуамæ фидыдыл бан-
цайа, æндæр гæнæн дзы нæй!.. Ныртæккæ Барсæгимæ хæсты ба-
цæуын иууыл стырдæр фыдбылыз уаид, æндæр ницы. Уымæй куы
бахизæм нæртон дзыллæйы, уæд стæй иннæ зынтæ æнцон акъуы-
рæн сты.
— Дæ фарн куы зæгъид, фæлæ къухы бафтдзæн? — дызæрдыг
кæны Алафарн.
— Сæргуыбырæй куы цæуæм адæмы ’хсæн, уæд ницы рантыс-
дзæн нæ фæндтæй, — фæхъыг Сырдон. — Фæлæ фыдбылызы раз
нæхи куы нæ ауадзæм, уæд дзы исты фæрæстмæ уыдзæн. Ала-
фарн ныридæгæн йæ къухтæ æхсынмæ фæци, ома ацы тыхсты
386
хъуырау кæй æндавы!.. Æндавы, Алафарн, æндавы!.. Адæмы цæ-
рын фæнды, дæ хъуырау та царды дзаума у æмæ адæм куы уыной,
Алафарн, зонды æмæ уынаффæйы лæг, йæ хъуырау аразыныл у,
уæд катай æмæ тасы бын нæ дзой-дзой кæндзысты, сæ царды
фæндтæ кæндзысты æмæ тохы бон дæр тыхджындæр уыдзысты...
Нарты Хуыцау куы сафа, уæддæр сæ нырма бирæ азты цæрын
хъæуы, сабиты хæрын, сæ гом уæнгтæн — дарæс... Ныр нæ хор
куы нæ бафснайæм, уæд зымæджы цы кæндзыстæм? Сыдæй ас-
къуыйдзыстæм, бардуæгты фыдæх дзы нал бахъæудзæн...
Куыд тæрсæм, афтæ тæссаг нæма у уавæр... Хæцæнгарзыл кæй
тыхсыс, Армимаз, уымæй раст кæныс. Цы фæнды ма уа, гæрзты
хорз никуы никæй фесæфта... Махæн та нæ дзыллæйы фылдæр
гæрзтимæ архайын зонгæ дæр нæ кæны. Хъуамæ уа хорз гæрзтæ
алы нæртон лæгмæ дæр — искæмæ додой кæнынæн нæ, фæлæ нæм
исчи цæмæй ма уæнда додой кæнын... Уадз æмæ йæ зона, хæрис
хъаматæй æмæ къобала лæдзджытæй кæй нæ хæцдзыстæм, нæ
бæлццонау, нæ фыййау дæр хæстхъом лæг кæй у... Ссардзыстæм
æфсæйнаг дæр. Сайгæ дæ нæ кодтон... Мæнæ иунæг хатт балцы
куы уыдтæн, уæд уæйгуыты скъæты, — фос скъæтæй æз ратард-
тон, — федтон бирæ хæцæнгæрзты рæдзагъд. Уыдон куы ’рласæм,
уæд æнæхъæн нарты фаг сты. Æцæг галгуыфы ласинаг сты уыцы
дардæй, фæлæ сæр куы бахъæуа, уæд сæ лæппутимæ æмæхсæ-
вæджы ам балæууын кæндзынæн... Ныр та уал нæ фæндтæ кæ-
нæм, куыд сныв кодтам, афтæ... Адæм тасы бын куыд нæ ныггуы-
быр уой, царды фæндтæ куыд кæной... Цы зæгъут сымах та?..
— Цы зæгъæм, хуыздæр ницы ’рымысдзыстæм, — сразы Арми-
маз. — Кæд нæм исты ног хъуыды уа, уæд ам нæ уыдзыстæм...
Куыд зæгъыс, Алафæрныг, тас мæлæтæн хос нæу, фæлæ дæ уæнгтæ
бауигъ, цæргæсы базыртау, науæд ныл адæм фæдызæрдыг уыдзы-
сты æмæ сæ уонг амæлдзæн. Зонын æй, дæу ма нæ уæлдай дæ
сабиты мæт дæр ис, фæлæ дзы фæйнæ махæн кæм фæлæвар код-
тай, уым хъуамæ зонай, — махæн дæр уыцы тас не уæнгты мигъау
бады... Æз ма мæ тыхстæй мæ куынцдымæджы фат æмæ цирхъæй
хæцын дæр райдыдтон ахуыр кæнын...
— Фод уæ дзырд, разы дæн, æрмæст ныр — кусгæ, изæры та —
адæмы ’хсæнмæ цæугæ у... Уырызмæджы дæр æз æмæ ды абæрæг
кæнæм. Йæ фарсмæ куы уæм, уæд йæ зæрдæ æнцойдæр уыдзæн,
стæй иунæг Сатанамæ хъусæг дæр нал уыдзæн... Сырдон не ’ппæ-
тæй тагъддæр нымайы хабæрттæ æмæ раст бакодта, хъуыддагæн
йæ зындæр сарæзта... Ныр та мах рад у... Разы дæн — царды мæт
хистæр у мæлæты тасæй, æмæ уал царды кой бакæнæм. Фидыд
æмæ хуымгæрдæн — ацы дыууæ мæтæй кæд фервæзæм нывыл,
387
уæд нын ницы уыдзæн... Хуымгæрдæн уал адæмыл райгæ арви-
тæм, фидыд та аивтæй цæттæ кæнæм. Хоры куысты нæ хæрзиуæ-
гыл чи баууæнда, уый фидыдыл тæрхоны дæр нæ фарс уыдзæн.
Уыдон та адæмæн сæ фылдæр хай сты... Кæсут, уæртæ уæйыгхор
дæр æрбахæццæ, дæ минас цæттæ дар, æвсæнгом!.. Æниу дæм
цæй минас и!.. Ам мын ныхасыл фæкæнут уæйыджы æмæ æз ныр-
тæккæ истытæ ацæттæ кæнон. Зæгъут ын: мæнæй уый дæуæн ми-
нас цæттæ кæнынмæ ацыд... Уæ къухтæ сыджыты мауал сызмæн-
тут, рæхджы зындзынæн, — Алафарн фæцæуæг сæхимæ. Ардагъу
та цингæнгæ дардæй райдыдта хъæрæй дзурын:
— Е-ей, хорз лæг, дæ фæллой — дæ къæбицы, фæлæ минас
цæттæ дар!.. Стæй хуымæтæджы минасыл нæ аирвæздзынæ! Чи
зоны, зæгъыс: иу лæджы цы хынцын хъæуы!.. Нæ, ме ’фсымæр,
дæхи ма сай, — иу уды фаг дзылы дæр кæны, фæлæ æз æнæ мæ
уарзон æмгæрттæ Хуыцауы фынгыл дæр не сбаддзынæн!..
* * *
Диссаджы райдзаст æмæ хъарм райсом скодта хуымгæрдæнты
размæ хуыцаубон. Фæсхъæуы фарсмæ Хæрисджын къохы цур уыди
лæгъз æмæ дардыл фæз. Сырдон бæрæгбон аразын уым æрымы-
сыд. Йæ хъуыдыйы дардта: Фæсхъæуы адæм нарты сыхтæй се
’ппæтæй дæр рæвдауинагдæр сты, хуыцауæй дæр æмæ адæмæй
дæр — рох. Афтæмæй сау куысты зындæртæ уыдон кæнынц. Фосы
фæдыл уыдон цæуынц сæрдæй-зымæгæй. Хуымгæнæн уа, кæр-
дæгхæссæн, хуымгæрдæн, сугласæн — алчи дæр та дугъ-дугъ æмæ
Фæсхъæуы лæппутæм фæдисы уайы. Балцы цæуын æрымысыдыс-
ты Æхсæртæггатæ, уæддæр та кæстæриуæг уыдон кæнынц фæн-
дагыл, хæсты уыдонæй фылдæр фæхъæуы, тæлæтæй та сæм æр-
мæст æвзарæнтæ æрхауы... Сырдон зыдта ацы хабæрттæ æмæ йæ
уымæн бафæндыд Фæсхъæуы адæмы сбуц кæнын: уадз æмæ зæ-
гъой, ацы хатт махмæ дæр адæмы фæткæвæрджытæ дзæбæх цæс-
тæй ракастысты, фæсвæд нæ баззадыстæм!.. Æмæ, æцæгдæр, Фæс-
хъæуы фæсивæд сæ уд радтой ацы бæрæгбон нывыл арвитынмæ.
Фыццаг хатт арæзтæуыд ахæм цины бон æмæ йæ рахуыдтой Сыр-
доны зондæй Сабиты Рай!
Ныр æппæты разæй Хæрисджын къохы фæзмæ Сырдон æр-
цыд, йæ фæдыл та Фатакуй. Сырдон акæстытæ кодта хъазæн
фæзыл æмæ дзы йæ зæрдæ барухс: ам, кæд дæ фæнды, нæртон
симды бацу æмæ къæдз-мæдз рæхысæй каф дæрдтыл!
— Урсдзых, куыд у, дæ зæрдæмæ цæуы? — фæрсы Сырдон йæ
куыдзы. Уый йæм иу хин каст скодта æмæ бæзджын бахъырныд-
388
та. Сырдон уый разыйы дзуапмæ айста, фæлæ Фатакуймæ та æн-
дæр фæнд уыди. - Разы дæ? Иттæг хорз! — Сырдои нæма фæци
йæ ныхас, афтæ йыл Фатакуй йæхи бауагъта, йæ сынæгæй йын
йæ зæнджы хæцъæф цæхгæр бацавта æмæ Сырдон фæфæлдæхт.
Бамбæрста ма Фатакуйы хин, фæлæ байрæджы: «Хинæй мыл
фæтых, абырста мæ!» — ахъуыды кодта Сырдон æмæ Фатакуйы
раззаг къæхтæ ацахста, стæй сæ йæ иу къухы атымбыл кодта æмæ
сæ сæнтзылд фæкодта. Ныр фæфæлдæхт Фатакуй дæр æмæ дыууæ
кæрæдзи рабырс-бабырс систой, хъæр-хъыллистытæ кбдтой, аф-
тæмæй, цыма æцæг кæрæдзи æргæвдыныл уыдысты. Иу дзæвгар
афтæ ахъазыдысты, стæй Сырдон сдзырдта: «Фагу, Урсдзых! Ныр
улæфгæ!» Фатакуй æрхуыссыд æмæ йæ сæр йæ дзæмбытыл дæр-
гъæццон уагьд акодта, йæ хин цæстытæ сау фæлынæй-тæнæг хæр-
вæй æрæмбæрзта æмæ райсомы сабыр дунемæ хъусыныл фæци.
Загъта: хур йæ был куы сдара, уæд ракæсдзынæн мæ цæстæй...
Сырдон дæр уæлгоммæ афæлдæхт цыбыр, фæлæ зад кæрдæджы,
йæ армытъæпæнтæ йæ нывæрзæн акодта æмæ удæнцойæ касти
Уæлæрвтæм.
Арвыл иу мигъы къæм нæй. Æнæбын фæлурс цъæх, æнæкæ-
рон мал!.. Æнцой æмæ сабыр у зæххон дуне дæр... Цыма никуы
ис зæххыл иу маст, иу хъыг дæр. Адæм дæр фæрныг æмæ цард
дæр!.. Уæ, тæхуды, афтæ куы уаид æцæгæй, уæд лæджы цæры-
нæй цы бафсадид!.. Æниу мæнæ ацы райдзаст бон, ацы сабыр
æмæ ирд дун-дуне уыныны тыххæй дæр хъуамæ райгуырид æмæ
стæй амæлид лæг! Чи зоны, не сфæлдисæджы дунейы цæрынæй,
уынынæй, кусынæй хуыздæр ницы ис!.. Мæт, маст, хъыг, катай,
фыдæвзарæнтæ дзы бирæ ис, — уый раст у, фæлæ уыдон се ’ппæт
æнæхъæн куыфы дзаг куы уой, уæддæр, мæнæ ацы райдзаст æмæ
æвæлмас дуне мæ цæстæй кæй уынын, уый аргъ не сты!.. Иу чы-
сыл цин дæр бирæ мæстытæй ыссарын æмбæлы!.. Уый куы нæ
уаид, уæд лæджы зæрдæ нæ бауромид, атъæпп уаид цалдæр мас-
ты фæстæ... Фæлæ бауромы иу чысыл цин бавзарын æнхъæлæй...
Рай æмæ цины дуне!.. Уый нын не сфæлдисæгæй лæвæрд у æмæ
йæ мах та барæй сæвдулæм алы чъизиты... Уæвгæ куыд зондджын
æмæ куыд æдылы у адæймаг, ахæм æвæджиауы дуне кæмæн ис
æмæ дзы цæрын чи нæ зоны!..
— Фатакуй, дæ цурмæ мæ уадзыс, нæ мыл фæхæцдзынæ? —
чъызгæйæ фæрсы сывæллоны лæгъстæгæнæг хъæлæс.
Сырдон йæ сæр фæхъил кодта æмæ йæ рæмбынкъæдзтыл рас-
тад. Фатакуй йæ иу цæсты зулæй бакаст сабимæ, фæлæ нæ фез-
мæлыд: саби тæригъæд у, фæтæрсдзæн, Сырдон фынæй нæу æмæ
йын йæхæдæг дзуапп дæтдзæни...
389
— Сидахъ?!
— Мæ фыдыстæн, Сидахъ! — хистæрты фæзмæгау дзуры саби
æмæ худы йæхи ныхасыл. Сырдон дæр æцæг ныххудти æмæ хъаз-
ты бацыд сабиимæ:
— Мæ фыдыстæн, афтæ нæ рауайдзæни! Кæд тыхгæнæг дæ,
кæд мæм уæндыс, уæд ма æввахсдæр æрбацу, хæххон дзигло,
быдыры дзынга, æмæ дын æз уæйыджы митæ акæнон!..
— Мæ мад мæ фыдыстæн, тыхгæнæг! Дзынга нæ, къогъо мæ
куы рахонай, уæддæр дыл ахæм хæст фæкæндзынæн æмæ дæ туг
арвмæ цыхцыр куыд ныллæууа!..
— Æртхъирæнтæй кæй фæтæрсын кодтай, ам дын ахæм уæйыг
нæй! Хæстæгдæр ма æрбацу уæдæ, æз дæ мæ дæндаджы схъисæн
акæнон!..
— Цæуын дæм, цæуын! — Сидахъ йæ нымæт худ систа, стæй
дзы йæ уадындз батыхта æмæ йæ зæххыл æрæвæрдта. — Кæс-ма
дæхимæ, ныртæккæ дын дæ сæр дæ гуырæй куыд фæхицæн кæн-
дзынæн...
Сидахъ тыгъд армæй, барæй йæ къæхтæй пæлæхсар цыд кæн-
гæйæ, баввахс Сырдонмæ æмæ йыл йæхи бауагъта. Сырдон æй йæ
хъæбысы атыгъта æмæ акъуыбылой сты кæрдæджы. Фатакуй
фæгæпп кодта æмæ сæ алывæрсты гæппытæ æмæ хъыллистытæ
кæны. Фæлæ йæ не ’рхъуыды кодтой, цалынмæ Сидахъ нæ ныб-
бырста уæйыджы æмæ йын йæ риуыл нæ ныллæууыд, уæдмæ.
Стæй йæм уæд Сидахъ фæсидти:
— Фатакуй, æрцу æмæ фен, цытæ бакодта хохы дзигло, быды-
ры дзынга дæ ницæййаг уæйыгæн!.. Ды хъуамæ уаис мæн, уæйгуы-
ты уæйыджы, тыхгæнæг тых кæмæн нæ ары!..
— Раттин дын æй, Сидахъ, фæлæ уæд æз зыбыты иунæгæй
баззайдзынæн... Фæлтау мæн уæд, æмæ ды дæр хъаз йемæ, цыма
нын иумæйаг у. Разы?..
— Бæргæ не сразы уаин, фæлæ уæд æз иууыл дæуæн тæрсдзы-
нæн, цы бадæ иунæгæй, æмæ хорз нæ рауайдзæн, — йæ цины
равгæй фæиппæрд саби æмæ йын Сырдон фæтæригъæд кодта: нæ
мæ хъуыд афтæ дзурын.
— Гъе, Сидахъ, мæныл мæнæ ды фæтых дæ, æндæра мын иннæ
уæйгуытæ — арсы хъуыны мæлдзыг! Фехъуыстай ахæм ныхас?
—Фехъуыстон, Сугъар дæр афтæ феппæлы йæхицæй, — бахуд-
ти та Сидахъ.
— Ды никуы феппæлыс, раст ма зæгъ? — къахы йæ Сырдон.
— Никуы æппæлыдтæн нырмæ, фæлæ ныр хъуамæ раппæлон...
— Кæй мæ ныббырстай, уымæй?
— Нæ, уый никæмæн схъæр кæндзынæн, науæд дыл фæхуд-
390
дзысты. Фæлæ хъуамæ раппæлон, дæ зарæг дын кæй базыдтон,
уымæй!.. — йе ’мбæхст цины сæр рахъæр кодта Сидахъ æмæ йæ
худмæ бауад. Рахаста йæ уадындз, Сырдоны цур æрзоныгыл код-
та, стæй йæ зæнгты хæцъæфтыл æрбадт æмæ уадындз йæ дзыхмæ
систа. Цалдæр улæфты дзы ныккодта Сырдоны фæзмгæйæ, стæй
райдыдта «Булæмæргъы зарæг».
Сырдон та йæ армытъæпæнтæй нывæрзæн акодта æмæ, арвы
къуырфмæ кæсгæ, хъусыныл фæци. Сидахъ зæрдиагæй фæцагъта,
Сырдоны цагъды фæлтæртæм ма афтуан кодта, Хæрисджыны кæй
фехъуыста~ ахæм фæлтæртæ æмæ стæй кæронмæ æрыздæхт Сыр-
доны хъæлæсмæ, ныллæг-ныллæг ауагъта æрхуым хъæлæс æмæ
хæрисджын къохы бæзджын сыфтæры аныгьуылд зарæджы кæрон.
Сырдон иу чысыл æнцад, æнæзмæлгæ хуыссыд, цыма фынæй
баци, стæй растад, æрбайста сабийы йæ хъæбысмæ, аузæгау æй
кодта æмæ йын уынгæг хъæлæсæй, уый йын йæ цæсгом куыд нæ
уыдтаид, афтæмæй дзуры:
— Абонæй фæстæмæ æз æмæ ды иумæ нæртон уæйгуытæ уы-
дзыстæм: æз — зæронд, ды — лæппу, фæлæ уæйгуыты уæйыг!
Хорз, Сидахъ?..
— Ууыл куы бадзырдтам. Уыдзыстæм, æнæмæнг... Уæйыг нæ
уыдзынæн, фæлæ дæ кæстæр уыдзынæн, дæ коммæ кæсдзынæн...
Цы мын амонай, уый ахуыр кæндзынæн.
— Хæрисджын къохы дæр ацы раджы ахуыр кодтай?
— О, ахуыр. Булæмæргътæ уым сæумæцъæхæй тынг фæза-
рынц, куы схъарм вæййы, уæд нал фæзарынц æмæ æз афтæ ра-
джы Гыццийæ хъуызгæ ракодтон, нæ мæ фæуадзы, нырма, дам,
карк йæ базыртæ куы нæ сцагъта, уæд кæдæм цæуыс!.. Уасæг
хъихъри куы райдайы, уæд та булæмæргъ нал фæзары, раджы
йæм хъæуы хъусын...
— Ахуыр кæй кодтай, уый хорз, фæлæ Гыццийы сайын нæ
хъæуы, Сидахъ. Уый дæ цæрайæ цæры æмæ ды та — хъуызгæ!..
— Уый у, фæлæ абон фæстаг ахуыр уыд... Куы мæ зарын кæ-
нат æмæ дзæбæх куы нæ сарæхсон, уымæй тарстæн... Стæй дæ-
уæй дæр худинаг уыди... — йæхи рæстытæ кæны Сидахъ æмæ йын
Сырдон тæригъæд кæны, фæлæ йæ куыд бахиза мады уайдзæф-
тæй?..
— Сидахъ, Гыцци дæм, мыййаг, куы хæца, уæд-иу зæгъ: иунæг
нæ уыдтæн, Сырдон æмæ Фатакуй дæр мемæ уыдысты!.. Æвди-
сæнæн демæ акæн Фатакуйы дæр æмæ дæм уæд нал хыл кæндзæ-
ни. Нырæй фæстæмæ ма дæ хъæды исты хъуыддаг куы уа, уæд-иу
мæнæн зæгъ æмæ иумæ цæудзыстæм, кæнæ та Фатакуй уыдзæн
демæ æмæ уыл чи хъуамæ фæтых уа? Ничи!.. Стæй ма иу хабар...
391
Зарæг хорз сахуыр кодтай, мæнæй дæр хуыздæр, фæлæ йын йæ
кæрон æндæр хъæлæсæй куы азарис, уæд цыма хуыздæр уаид...
— Ома куыд æндæр хъæлæсæй? — нымдзаст Сидахъ Сырдоны
æрвгъуыз рæвдауæг æмæ цинывдылд цæстытæм.
— Куыд, уый зоныс, мæ лæппу?.. Зарæг æз, дæу куы федтон,
уый размæ базыдтон... Уæд та мæ зæрдæ æнкъард уыди, тынг
æрхæндæг, мæ лæппу... Гъе, æмæ мæ хъæлæс кæронæй уымæн
æрхæцгæ-æрхæцгæ ацыди... Стæй уырдыгмæ, кæдæмдæр зæххы
бынмæ... Ды нырма булæмæргъау зарыс: райсомы ирд бон æмæ
хуры цинæй, æмæ дæ зарæг хъуамæ уæлæрвтæм тæха, хуры цæст-
мæ, цины фидиуæгау, стæй мæнæ райсомы æртæхыл рухсы тын-
тæ куыд хъазынц, тыбар-тыбурæй, кæркæ-мæркæ, раст афтæ...
Æз куы зарыдтæн, уæд мæ зæрдæ дæлдзæхмæ хъуыста... Уым та
талынг у, хуры рухс дзы нæ хизы æмæ лæджы хъæлæс дæр уын-
гæг æмæ сæргуыбыр у... Ды хуры зарæг кæныс, булæмæргъау,
æмæ дæ сæр бæрзонд, дæ цæсгом — хурмæ, дæ зарæджы кæрон
дæ уды цин æрвитыс Хурмæ æмæ дын хъуамæ хæрисджыны къо-
хы сыфтæрты ма аныгъуыла, фæлæ, хæрдмæдзог цъиуау, фæпæр-
рæст кæна æмæ ’мраст, пæр-пæргæнгæ сфардæг уа Уазайы цъуп-
мæ, стæй та суанг Хуры цæстмæ!.. Зоныс хæрдмæдзог цъиу, фед-
тай йæ искуы?..
— Зонын, Гыцци мын æй бацамыдта... Уæлейау сфардæгвæййы
æмæ уым иу ран йæ базыртæ тилы, фырцинæй йæ гæндзæхтæ
цæгъды, йæ хъæлæс та ноджы бæрзонддæр сфардæг вæййы... Уый
нæу? — фæрсы æмæ йæ чысыл армытъæпæнтæ базырты тылд кæны
Сидахъ.
— Уый у, мæ лæппу, æмæ йæ дæ зарæджы кæрон бафæзм дæ
хъæлæсæй, уадындзы хъæлæсæй, хорз?.. Абон цины бон у æмæ
зарæджы цин зæрдæйæ ратæхдзæн, уадындзы хъуыры ныззæл-
ланг кæндзæн, стæй уæд тæхгæ — уалæ Хуры цæстмæ!..
— Кæд базонин, нæхимæ дæр ма афæлвардзынæн, — ныфс æвæ-
ры Сидахъ.
— Ныр цу, мæ хур, хæдзармæ, стæй Гыцциимæ æрбацæудзыс-
тут. Фатакуй, ды дæр уайгæ йемæ æмæ иумæ раздæхдзыстут, ам
мæ дæумæ нал равдæлдзæн...
Ацыдысты Сидахъ æмæ Фатакуй, Сырдон та бæрæгбоны куыс-
тытыл зилыимæ сарæзта йæ ных. Дардмæ суыдта Фæрныджы цал-
дæр лæппуимæ. Уыдон артимæ архайдтой. /Евæццæгæн, кусарт
конд фесты æмæ йæ æз нæ федтон, науæд та гал æмæ фырыты
хæдзары аргæвстой, ардæм сын сæ фыд рахастой æрмæст. Уый
Фæриыджы фæнд уыдаид: кусарт æз акодтон мæ хæдзары, царм,
къæхтæ, хуылфы дзаума — фысымы!.. Нымайаг лæг у Фæрныг,
392
ницы дзы ферох уыдзæн... Уалæ Сугъар дæр фæзынд лæппуты
къордимæ. Уый æцæг раздзог лæг у!..
Алафарн, Армимаз æмæ Ардагъу дæр æрцæуынц. Ныр дзы
æгъдау æмæ фарн уыдзæн нæ хъазты дæр æмæ нæ бадты дæр.
Æцæг, Алæгатæй æмæ Уæллаг сыхæй куы ничи фæзына, уæд аив
пæ уыдзæн, ноджы та сыхгай ныууыдзыстæм, мах та сæ баиу
фæндыдис... Цæй, кæд зыниккой... Алæгатæ дæр хуынды се ’ппæт
нæ уыдзысты, чъынды у Хуагом æмæ алкæй нæ хоны... Мах мыг-
гагæн дæр кæд сæ бодзты фæхона, иннæты хъуыды дæр не ’ркæн-
дзæн. Сабитæ сæ ныййарджытимæ цæудзысты æмæ сын афон нæма
у, алчи дæр æртæ чъирийы æмæ ронджы дурын хæссинаг у. Ала-
фарн æмæ ма Фæрныг сæхи хардзæй дæр бирæ уæливыхтæ æр-
хæссинаг сты. Фæрныг ацы хатт дыууæ нæ загъта нæ фæндиагыл.
Ныфс æй ис, йæ хуымтæ йын кæй ракæрддзысты хуымонтæ, исгæ
дæр дзы кæй ницы акæндзысты хæлцæй дарддæр æмæ ныппара-
хат, стæй цытуарзаг зæрдæ йæхи рæвдауы — адæмыл айхъуыс-
дзæн йæ рæдауы кой... Цæй, уымæн ницы у, хъулæттæ мады гуы-
бынæй рахастæуы æмæ сæ чи сраст кæндзæн?.. Лæг ивынæн, чи
зоиы, мин-мин азы хъæуы æмæ уæдмæ куыд æнхъæлмæ кæсæм?..
Алы лæгæй дæр иумæйаг хæрзиуæгæн иу чысыл исты куы ранты-
са, уæд уымæй дæр — бузныг!..
/Ерцог хистæртæ иууылдæр Сырдоны алыварс бамбырд сты
æмæ Сугъар хъазæн ныхасмæ фæци:
— Гъе, Сырдон, кæд нын Уырызмæг-балхон басгуыхтæ æмæ
йæ мах нæ зонæм: хæцæныл дæ цæст æгæр раджы хæссын нæ
байдыдтай?
— Цы кæнон, махæн сиахс рагæй не сгуыхы, боны ’рдæм афы-
нæй уарзынц æмæ загътон: мæ цæст ахæссон Зилахарыл, кæд ма
дзы исты цух суынон, уæд æй развæлгъау бадзæбæхтæ кæнæм...
Хорз у, æмæ дзы ахæмæй ницы федтон. Бурæфæрныг кусæрт-
тæгтæ бурачъи кæны... Сугъары уæйыг хъазæн фæзы милмæ
æхсæн бынæттæ æрцарæзта, милы фæйнæджытæ дæр — цæттæ.
Ардагъу уæйыгæн ма мæниас æппарæн дуртæ дæр цæттæ... Адæ-
мæн æрбадæн бынат дæр — нывыл. Хистæртæ кæм баддзысты,
хъазты уæлахиз чи у, уый кæцæй бæрæг кæндзысты, уый дæр —
цæттæ, раст Уæллаг Нарты Ныхасы къæлæты хуызæн æмæ ныр
Уырызмæг йæ Ныхас ардæм куы рахæсса, уымæй тас у... Цы ма
вæййы æндæр!.. Бузныг, уæлдай бузныг сымахæн, Фæрныг æмæ
Сугъар!.. Ацы хæрзиуæг уын никуы ферох кæндзысты нæртон
дзыллæ, стæй уæ кæд мæнæ Армимаз, Алафарн, Ардагъу æмæ
мæ сæр дæр искуы бахъæуа, уæд уæ фæндиаг æххæстгæнæг уы-
дзыстæм. Бузныг!
393
— Цæй бузныгтæ кæныс, цæ, Сырдон, — барджыны дзырд
æрбакодта Фæрныг. — Бузныг сымахæй стæм, ахæм бæрæгбон чи
æрымысыд, адæмы иумæ чи æрбакодта, кæрæдзи нын чи фенын
кодта. Куы ныииутæ, куы ныддихтæ уæм, уæд ма махæй цæй
нæртон дзыллæ ис, хъæлау нæ акъуырдзæн алчи... Мах та нырмæ
сусæг-æргом кæрæдзи тыдтам. Ныр кæд уыцы фыдбылызæй сын-
дæггай сцух уаиккам...
— Раст у, Фæрныг, бузныджы аккаг кæд исчи у, уæд мæнæ
ацы цыппар лæджы, ацы хорз фæнд кæй зæрдæ æмæ зондæй ра-
цыд! Мах кæд исты базмæлыдыстæм, уæд фыццаджыдæр нæхи
тыххæй, уым бузныггаг ницы ис, — Фæрныджы фарс фæци Су-
гъар. Сырдоны зæрдæмæ та уæлдай фæцыд, Ардагъуйы кæй нæ
ахицæн кодтой дыууæ дзурæджы дæр, фæнд æцæг кæмæй рацыд,
уыцы æртæ æмгарæй. Ардагъу, мæгуыр, йæ цин тыххæй урæдта
æмæ Сырдоны зæрдæ та уый цинмæ ради.
— Æз уæддæр Сырдоны фарс дæн, сымах бузныггаг стут æнæ-
мæнг, фæлæ уын цы акæнæм? Иумæйаг хорздзинадыл бафыдæ-
бон кодтат æмæ уæ адæмы иумæйаг хорзæх уæд кæддæриддæр!
— Ме ’фсымæртæ, рæстытæ дзурут, — нал фæлæууыд Арми-
маз, — фæлæ уал арфæтæ кæнын фæуадзæм, кæд ма исты цух
стæм, уæд ууыл асагъæс кæнæм...
— Уынгæ ницы кæнын æмæ цы зæгъон, — дзырды рад æрхауд
Ардагъумæ дæр. — Фæлæ кæд Сырдоны ранымад раст у, уæд хъуа-
мæ нывыл ацæуа хъуыддаг...
— Цы загътон, уыдон раст уыдысты, Ардагъу, фæлæ ма иу
цæмæдæр æхсайы мæ зæрдæ... Адæм куы нæ ’рцæуой, уæд хорз
фæндиаг, къæвда боны артау, ныннымæг уыдзæн... Мыййаг Алæ-
гатæ Хуагомы зондæй куы фæзивæг кæной нæ бæрæгбонмæ?..
— Уымæй ма тæрс, Сырдон, — ныфсджынæй дзуры Сугъар. —
Уыдонмæ ахæм хонæг уыд æмæ кæрæдзи разæй фæуынмæ тырн-
дзысты. Уæлдайдæр — сæ сылыстæг.
— Уагæры чи у уыцы хонæг?.. — бацымыдис скодта Сырдон.
— Чы куы зæгъай, уæд Алæгаты хъæубæсты цырв, Саулæджы
идæдз, Алæгон Аминæт, æмæ сæ æмбырдæй ракæндзæн йæ ра-
зæй, æд хуын, æд сабитæ...
— Хуыздæр фæу! Уый мæ уырны æмæ ныр мæ зæрдæ йæ иу
катайæ фервæзт, фæлæ ма дзы дыккаг катай дæр ис. Тæрсын,
Æхсæртæггатæй дæр куы ничи фæзына. Сæ бодзтæ Хуагоммæ
уыдзысты, фæлæ иннæтæ, уæлдайдæр сабитæ æмæ сидзæрты хи-
цæуттæ, куы ’рцæуиккой, уæд мæ бодзты маст нæй. Борæтыл дæр
мæ зæрдæ дарын: Фæрныг кæм уа, уым сын æнæуæвгæ нæй...
Уæлæсых æцæг схъæлфындз адæм сты, хонæг сæм æртæ хатты
394
хъуамæ цæуа, ам та æхсæны æмбырд у, сабиты бæрæгбон æмæ
дзы рахон-бахон нæй...
— Цæй, чи рацæуа, уый рацæуæд, иннæмæн йæ амонд хуыз-
дæр, æндæр сын цы кæнæм... Сидзæргæстæ æмæ сæ сабитæ ам
куы уой, уæд æцæг бæрæгбон, нæртон сабиты бæрæгбон рауай-
дзæн, мах цы фæндыд, уый, фæлæ кæд нæ фæнд иууыл нывыл нæ
ацæуа, уæддæр ницы кæны... Фæлæ Уæллаг Нартæй ничи уы-
дзæн, зæгъгæ, уæгьды хъуыды кæнут, — сабыргай дзуры Алафарн. —
Нæ хæдзары цалдæр быдзы лæппуйы ис æмæ уыдон загътой: мах,
Æхсæртæггаты кæстæртæ, сомбоны бæлццон адæм, хъуамæ нæр-
тон дунейы сабиты се ’ппæты дæр рамбулæм фат æмæ æрдынæй
хъазты, стæй цирхъæй хæсты. Лæппутæ цæуынц, уæд чызджытæ
дæр нæ ныллæудзысты. Сидзæргæстæн та мæхæдæг загътон æмæ
ам уыдзысты: не ’мхуызон мæгуыртæй, дам, нæхи дард куыд хъуа-
мæ аласæм!..
— Хуыздæр фæу, хуыздæр! — сывæллонау цин кæны Ардагъу.
Æрынцад Сырдоны зæрдæ дæр, фæлæ ма Алафарн афтæ бакодта:
— Иу хъуыддагыл ма нæ ис бадзуринаг, адæмы раз кæрæдзи
куыннæ райваз-байваз кæнæм. Мæ зондæй хъуамæ адæмæн Бæ-
рæгбоны арфæйы ныхас зæгъа иу лæг. Уыцы иу лæг та хъуамæ уа
Сырдон. Уымæй рацыд нæ фæнд. Уый йын аивдæр ранымайдзæн,
циу, цæмæн у, цы нæ фæнды ныдздзурын нæртон дзыллæйы зæр-
дæмæ ацы райдзаст бон... Фынгыл кувæг уыдзæн Фæсхъæуы хис-
тæр, йæ цуры — Ардагъу æмæ Армимаз, уырдыгæй дæлæмæ —
куыд хистæрæй... Кæстæртæн фæткæвæрæг — Сугъар, æмбæлттæ
йæхæдæг равзарæд... Сылгоймæгтæн сæ дзурæг — Алæгон Ами-
нæт, фынгыл та — куыд хистæрæй...
— Мæ цыбыр зондæй дæр афтæ хуыздæр уыдзæн, — ныхас
йæхимæ айста Армимаз. — Зонын æй, Сырдоны нæ фæнддзæни
ацы бæрн йæхимæ исын, фæлæ дзы нæй æндæр амал.
— Раст дзурыс, раст! — æмхъæлæсæй сдзырдтой иннæтæ æмæ
басаст Сырдон дæр.
Фæпырх сты бæрæгбоны хицæуттæ æмæ Сырдон фæхæцыд
Сугъары цонгыл:
— Хорз лæг, æфсинтæ сæ кувинæгтæ куы райдайой хæссын,
уæд сæ кæм æвæрдзыстут, дзынгатæ уын сæ ма бахæрæнт?..
— Дзынгатæ нæм хуынды не сты, ницы сæм æрхаудзæн, —
бахудт Сугъар. — Фæлæ Хæрисджын къохы цур чысыл халагъуд-
тæ ацарæзтам æмæ хæринæгтæ уым уыдзысты. Алы халагъуды
дæр ис чызджытæй хицау æмæ дзы æгъдау уыдзæн, уымæй ма
тæрс.
— Хуыздæр фæу!.. Хъазты чи басгуыха, уыдонæн бæргæ исты
395
лæвæрттæ куы самал кодтаиккам, фæлæ къухы ницы бафтыд...
Кæд сын сгуытæ раттæм...
— Уый дæр сын фаг у ацы хатт, фидæнмæ та йæ дзаджджын-
дæр сараздзыстæм, уæд нæм алцы дæр уыдзæн, — ныфсхастæй
дзуры Сугъар æмæ Сырдонæн æхсызгон у: ахæм лæг зындзинады
раз йæ сæр не ’ркъул кæндзæн, йæ цардбæллон æнæхъæн нарты
фаг дæр у!.. Æцæг, фидæнмæ цы уыдзæн, уый чи зоны?.. Цы нæм
расхъиудзæн æрвон хæрæмигъæй: фæлмæн уарын æви судзгæ
æхсидæвтæ, тæрк къæвдайы сæх-сæх, туджы зæйтæ, арты пихуы-
лæйттæ?..
— Фод афтæ, фæлæ сын сæ хæйттæ рахицæн кæн, стæй куыд
нæ стыхсæм. Æртæ хайы фатæхсджытæн, æртæ — цирхъæй хæц-
джытæн, æртæ — дурæппарджытæн, иу, дугъы чи фæраздæр уа,
уымæн... Фыццæгтæн — сгуытæ, иннæтæн физонджытæ, раст нæ
уыдзæн?.. — фæрсы Сырдон.
— Раст у, фæлæ дыккаг басгуыхджыты дæр фæхицæн хъæуы,
— раст кæны Сырдоны фæндон Сугъар. — Фыццæгтæн — сгуытæ,
дыккæгтæн — базгуытæ, æртыккæгтæн — физонджытæ. Афтæ, чи
зоны, аивдæр уа? — кæсы Сугъар Сырдонмæ.
Сырдон сразы, фæлæ ма йæ миднымæр нымайы: уыдзæн ма
дзы иу ног хабар — уадындзæй æмæ фæндырæй цæгъдын. Уый
никуы уыд нæртон хъæзтыты æмæ йæ развæлгъау дзурын нæ
хъæуы, сабитæй йæм ничи уыдзæн рæвдз, уыцы дæсныйад рагæй
фæстæмæ зæронд лæгтæм хауди... Ницы кæны, чи зоны, фæфæтк
уа æмæ нæ сабитæ сæ чысылæй, цалынмæ ма къæрцхъус æмæ
зæрдæргъæвд вæййынц, уæдмæ райдайой фæндыр æмæ уадын-
дзæй цæгъдын...
— Сырдон, дæ хæрзæггурæггаг мæн, мæ дзырд æрцыдис! Акæс-
ма Алæгаты сыхæй æрбацæуæнмæ, æнæхъæн хæстваг адæм дзы
не ’нкъуысы ацырдæм?..
Сырдон акаст æмæ дзы, æцæгдæр, федта бирæ адæмы бардз
æмвæтæнæгæй цæугæ. Куы ’рбаввахсдæр сты, уæд Сугъар но-
джыдæр ацамыдта Сырдонæн:
— Сæ разæй чи цæуы, уый нæма суыдтай Сырдон?
— Бæлвырд дзы ницы уынын, — æфсон кæны Сырдои. — Цыма
разæй куыдз цæуы...
— Ехх, Сырдон, кæнæ мæ сайгæ кæныс, кæнæ та зæрырдæм
фæкъул дæ! Фатакуйы дæр нал зоныс, Сидахъимæ бодзы цыд куы
кæнынц Алæгаты разæй!..
— Гъе æмæ хорз, — йæ цин не схъæр кодта Сырдон.— Ныр кæд
иннæтæ дæр зыниккой...
— Иннæтæ дæр уалæ æрцæуынц, Æхсæртæггаты лæппутæ иу-
396
ссæдзæй... Сæ фæдыл та — æфсинты хал... Кæс-ма, дæ хорзæ-
хæй, амбылдтой иннæты — сæ разæй кæд хæссынц нæртон балцы
тырыса, Уырызмæг-иу балцы размæ Ныхасмæ кæй хæссын кодта,
уый... Куыд сын æй радта, диссаг!..
— Æцæг, æцæг!.. Рагæй йæ нал равдыста адæмæн, — фæхъуы-
дыйыл Сырдон. — Цытуарзаг лæг у ме ’фсымæр æмæ, æвæццæ-
гæн, загьта: уадз æмæ нæртон дзыллæ зоной — Æхсæртæггатæм
иырма бæлццон фæсивæд ис: сæ сæр — бæрзонд, сæ тых — æвæ-
джийау...
— Нæу, -чи зоны, хорз, сабиты ахæм зондыл æфтауын, — йæ
цæсгом фæтызмæг Сугъарæн. — Рагæй мын æнад у, нæртон дзыл-
лæ дихтæ-скъуыдтæ кæнын... Иугæр Уæллаг сыхæй фæдæ, уæд
хæстамонд æмæ хъæбатырдзинад дæуæн мады гуыбынæй лæвæрд
у!.. Кæд нæу, уæд та?... — смæсты Сугъар.
— Мæсты ма кæн, хорз лæг, — сабыр æй кæны Сырдон. —
Уыдон рагон æдылы митæ сты, иу бон сæ нæ акъуырдзынæ. Дæ
масты фæдыл ам ницы рамбулдзынæ, цадæггай, рæстаг зонд æмæ
уды хæларæй кæд ныббырсæм уыцы æдылы фæтк, æндæр дзы
хылæй ницы цæуы... Хыл æз райдыдтон æмæ дзы цы рауад?..
Ницы...
Нæ фæндыд Сырдоны аци цины бон сæ рагон фыдвæткыл дзу-
рын æмæ йæ ныхас иннæрдæм аздæхта, Сугъарæй дæр куыд фе-
рох уа:
— Хорз уаид, æмæ хуыздæр фатæхсджытæй æмæ цирхъæй
хæцджытæй исчитæ иннæ сыхы лæппутæй куы разыниккой, уæд
мах лæппуты бауырнид дæ зонд: тых æмæ арæхст Хуыцау сыхгай
нæ байуæрста, алчи дæр дзы хайджын у. Æцæг, Уæллаг сыхы
лæппуты чысылæй цайдагъ кæнынц гæрзтимæ архайын, кæм сыл
фæтых уыдзысты иннæтæ, тырыса дæр сын уымæн сфыццаг кодта
ме ’фсымæр!.. — къæмдзæстыгæй дзуры Сырдон.
— Ницы кæны, кæд дзы ахæм дæр фæзынид, чи сыл фæтых
уа! — ныфсджынæй зæгъы Сугъар æмæ къæбицмæ бакæсон, зæгъ-
гæ, йæхи асайдта ныхасæй.
Сугъар ацыд æмæ Сырдоны зæрдыл æрлæууыд: нæртон ду-
нейы сабийы кар фæуд кодта дыууадæс азыл... Сæххæст дыл, уæд
саби нал дæ, цыфæнды зын куыстыл дæр дæ сифтындздзысты!..
Сырдонмæ ахæм фæтк рагæй дæр æвзæр каст: сабийæ ас лæг аца-
раз, царды зынтæ йын йе ’ккой скæн!.. Цыбыр — нæ сабийы дуг
дæр, нæ царды бонтæ дæр... Хур нæ нæма батавы, афтæмæй ныл
аныгуылы... Уый цард у?.. Сыгъд æмæ уырыд стæм чысылæй-
стырæй!..
Сырдоны хъуыды та йæ рагон æмæ æрхæндæг донвæдыл рай-
397
дыдта сæргуыбырæй цæуын, фæлæ йæ фæиппæрд кодта Фата-
куйы цины хъыллист. Йæ фарсмæ æрбалæууыдысты Сидахъ æмæ
Урсдзых: саби бынæй уæлæмæ кæсы Сырдонмæ æмæ йæ цæсго-
мыл хуры рухс æмæ цины уылæнтæ кæрæдзи ивынц, Фатакуй
цины хъыллист фæкæны æмæ алæууы йæ фæстаг къæхтыл...
— Цы кæныс Урсдзых, — афарста йæ Сырдон. — Хæдзаргæс
кæй нæ дæ ацы бæрæгбоны фарнæй, ууыл у дæ цин?.. Ды цы
зæгъдзынæ, Сидахъ? — айсæфт Сырдоны сагъæс, цины равгмæ та
раздæхт.
— Уый мæнæй æмбаргæдæр у æмæ цы зæгъон? Йæхи йын фæрс,
æз та чысылтæ базыдтон дæ зарæджы ног кæрон... Бæстон æй
нæма зонын, фæлæ кæд нæ ферхæцин, стæй йæ иннæтæ цæмæй
базондзысты?..
— Разы дæн, Сидахъ! Ныр цу, æмæ хъаз, зарæджы мæт ма
кæн. Æз дæр æй дæуæй хуыздæр нæ зонын. Дзыхæй амонын æн-
цон у, фæлæ уадындз мæ былтæм куы схæссин, уæд дæуæй хуыз-
дæр нæ сарæхсин... Цу, хъаз, мæ хур! Фатакуй дæр абон де ’мбал
у, æмæ хъазут...
Рабадтысты хистæртæ, Ныхасы куыд кæнынц, афтæ, æрдын-
тымбылæй. Сæ дарæс — райстбавæрд, сæ бакаст — æвæлмас, уынаф-
фæгъуыз. Лæгтæ куыд хистæрæй — сæ алыварс, бадгæ æрмæст
иу-дыууадæсæй кæнынц: Фæсхъæуы хистæртæ æртæйæ, Армимаз
æмæ Фæрныг, Алафарн æмæ Ардагъу, ноджы цалдæр хистæры
æртæ сыхæй. Æцæг дзы Алæгаты хистæртæй ничи ис, Хуагомы
фынгæй сæ нæ равдæлд. Фæлæ уæддæр Алафарн Алæгаты ас
лæгтæй дыууæйы бакодта хистæрты рабадтмæ, — сыхыл дих дзы
куыннæ уа. Сырдонмæ дзырды рад кæм хауд, уым чысыл раздæр
ралæууыд хистæрты кæрон æмæ адæмы усæй-лæгæй-сабийæ æм-
бырдæй куы федта, уæд йæ зæрдæ барухс...
— Фарн уæм бадзурæд, нæртон дзыллæ! — сабыргай райдыдта
Сырдон, фæлæ фæхатыд, кæройнæгтæм нæ хъуысы йæ ныхас æмæ
йæ хъæлæс фæбæрзонддæр кодта. — Абон нæ хистæртæ сфæнд
кодтой Сабиты бæрæгбон саразын. Нæ кувæн бонты ’хсæн ахæм
бæрæгбон нæй. Афтæмæй та алы мад æмæ фыдæн сæ царды, сæ
куысты, сæ бирæ фыдæбонты нысан иу у — сæ чысыл сабитæ куы
байрæзиккой, хорз адæм сæ куы рацæуид æмæ сæ стæй а дунейыл
хæрзæджытæй куы ныууадзиккой... Ахæм кæй у не ’ппæты фæн-
диаг дæр, уый охыл сфæнд кодтой хистæртæ Сабиты бæрæгбон
аразын хуымгæрдæн дыццæджы размæ хуыцаубоны æрвыл аз
дæр...
Мæ нымадæй хорз хъуыддаг уыдзæн ахæм бæрæгбон куы
фæфæтк уа нæ дзыллæйы ’хсæн, уæд. Искуы нын кæд иумæ фем-
398
бæлын нæ бантыса, уæддæр-иу ацы бон алчи дæр кувæд йæхи
æмæ йæ адæмы сабитæн. Кæй фæнды ацы фæтк æрæвæрын, уый
иæ рахиз арм хурмæ сдарæд, цыма уæлæрвты раз ард хæры, уыйау!
Сырдон хистæрты нæ уыдта, фæлæ иннæ адæм сæ къухтæ хур-
мæ куы сдардтой, хъæды къалиутау, уæд йæ зæрдæ барухс æмæ
ноджы зæрдиагдæрæй райдыдта:
— Ис ма хистæрты фæндиагæй ноджы ахæм хабар... Нæртон
дунейы дзæвгар ис æххуысхъуаг адæм. Уыдон сты фыццаджыдæр
сидзæргæстæ, царды уæз йæ мæллæг цæнгтæй чи уромы, сидзæр
сабиты мæт.йæ иунæг удмæ чи айста, уыцы сылгоймæгтæ... Не
’ппæты дæр уыдонæн хорзы бацæуын фæнды, фæлæ иуæн ин-
нæйы дарын йæ бон нæу, æмæ дзы уый радомæн нæй... Гъе, фæлæ
нæ бон цы у, уый — хуымгæнæны æмæ хуымгæрдæны куыстытæ
сидзæргæсты хуымтæй райдайын æмдыхæй. Нæртон дунейы куыст-
хъом лæгтæн уыцы куыстытæ фæуиккой дыууæ-æртæ бонмæ, си-
дзæргæс бинонтæ та ирвæзт уаиккой сæ афæдзгуысты иууыл стыр-
дæр мæтæй.. Уый уаид иæртон хæрзиуæг. Уыцы хæрзиуæгæй нæ
ном бæрзонд кæнид, нæ зæрдæ — буц, нæ хъуыды — аив æмæ
хæрзиуæгæн йæ саразын та мæнæ зын нæу...
Гъе, æмæ уын, хорз адæм, кæд фæндиаг у, цæмæй ацы фæззæ-
гæй фæстæмæ нæ фæззыгон æмæ уалдзыгон куыстытæ сидзæргæсты
хуымтæй райдайæм æмуд-æмвæндæй, уæд та уæ рахиз æрмттæ
сдарут арвмæ, ард хæрыны охыл!..
Ныр ноджы фæбæзджындæр арвмæ хъил къухты хъæд æмæ
Сырдоны зæрдæ бамæцъæл: хорз адæм сты, уæгъды сæм дард
лæууыдтæн, уæгъды лыгътæн тæргай.
— Хорз адæм, чи зоны, искæмæн фæндон нæу ахæм фæтк, уæд
æй æргом зæгъæд, фæтк алчи дæр зæрдæвæндонæй кæндзæн...
Нæ йæ фæнды, уæд лæууæд, æрмæст-иу нæртон дзыллæйы дæр
мацæуыл бадомæд йæ тыхсты рæстæджы...
Гъе, æмæ, хорз адæм, кæд уе ’ппæтæн дæр фæндон у, уæд
абонæй фæстæмæ ацы фæтк ныффидар уæд нæртон дунейы! —
Сырдон йæ худ фелвæста разыйы нысанæн æмæ худтæ иууыл-
дæр, хурмæзиладжы сæртау, фæпæррæст кодтой хуры цæстмæ.
— Мæнæ хорз адæм, дзырдыл уæ бирæ нал фæдардзынæн,
фæлæ ма иу хабар... Уый ма уын зæгъинаг дæн: арфæ ракæнæм
Бурæфæрныгæн, Бæрæгбоны кусæрттæгтæ рæдауæй кæй радта,
уый фæдыл! Арфæ, йæ саразыныл йæ хъару чи схардз кодта, уыдо-
нæн! Иууыл стырдæр арфæ æмæ бузныг та, чи ’рцыди æмæ фар-
ны фæтк æрæвæрыныл чи сразы, уыдонæн!.. Ницыуал дзурын.
Ныр та райдайдзысты нæ сабиты хъæзтытæ æмæ сæм не ’ппæт
дæр бакæсдзыстæм, нæ зæрдæтæ нæ сабиты цинæй барæвдаудзыс-
399
тæм æмæ стæй фынгтыл æрбаддзыстæм. Уæхи цонгвæллой ’рхас-
тат æмæ дзы фæрнæй фæкувут æмæ фæминас кæнут!.. Нæ сабиты
хъазтæн фæткæвæрæг у Фæсхъæуы фæсивæды раздзог Сугъар
æмæ нын уый равдисдзæи нæ фæсивæды, нæ сабиты арæхст.
Уе ’ппæт дæр фæрныг æмæ амондджын ут, уæ фæззæджы куыс-
тытæ афоныл æмæ уæнгрогæй бакæнут, уæ фæззæджы фæллой та
афæдзæй афæдзмæ æххæссæд, уæлейæ исгæ, бынæй ахадгæ уын
уæд, цины бонты йæ хардз кæнут!
— Фæрнæй! Фæрнæй! Фæрнæй! — æмхуызон ныррыхыдысты
адæм æмæ сæ зæрдæтыл цыдæр æвæджиауы рухс æмæ хъармы
уылæн атылдис, зарæджы æхцон хъæлæсау.
* * *
Сугъар саби фæсивæды рахизырдæм алæууын кодта, сылгой-
мæгты та галиуырдæм. Адæмы цæг фегом, хистæрты акомкоммæ
ничиуал уыд, Хæрисджын къох ирдæй разынд æмæ Сугъар уыцы
фарсмæ ахæссын кодта фатæхсæн милтæ. Уырдæм æхсдзысты
фатæй. Фат æмæ ’рдынæй æхсджытæ иууылдæр кæд уыдысты
Æхсæртæггаты сабитæ, дæс-дыууадæсаздзыд лæппутæ. Дыууæ ма
сæм баиу Фæсхъæуы лæппутæй. Сырдон æй развæлгъау зыдта,
фæлæ уæддæр йæ хъуыды тыхст: нæртон сабиты фылдæр гæрзти-
мæ архайын нæ базонынц сæ раг бонты æмæ сæ стæй æдзæллагæй
æрыййафынц алы дзæгъæлдзу тыхгæнджытæ!.. Фæрныджы фый-
йæуттыл раст ахæм ми æрцыд, æмæ цæй тыххæй? Никæмæ æрцыд
нæ хистæртæй хуымæтæджы хъуыды — адæм сæ сæр бахизынæн
хъуамæ уой сæхæдæг, иу сыхы лæппутæм ма кæсой æнхъæлмæ!..
Сабитæн се ’ппæты дæр фæндыд расгуыхын æмæ зæрдиагæй
архайдтой, стæй рæстдзæвин разындысты иууылдæр. Æцæг се ’ппæ-
тæй арæхстджындæр разынд Алафарны астæуккаг лæппу, уæнг-
джын йæ фыдау, æмæ цæрдæг. Алафарны зæрдæ барухс, кæд æй
æвдисгæ нæ кодта, уæддæр, æмæ Сырдонмæ аивтæй бахудт, ома
хъуыраугæнæджы фырт дæр гæрзтимæ арæхсы, уæгъды мæ то-
нынц æдых æмæ баронæй.
Дыккаг рæстдзæвин разынд Фæсхъæуаг лæппу. Йæ фыд цал-
дæр азы размæ нал раздæхт иу ныббырстæй. Чи йæ сахуыр кодта,
кæм самал кодта фат æмæ æрдын, уый хистæртæй ничи зыдта
æмæ сæм диссаг фæкаст: Фæсхъæуы сабитæм ахæм гæрзарæхст
лæппу куыд разынд?
Æртыккаг рæстдзæвин дæр разыид Алафарны лæппу, Арми-
мазæн кæй радта, уый, куынцдымæг. Уымæй ницы ’нхъæл уыд
йæ фыд, фæлæ ныр загъта йæхинымæр — ацы Куырдалæгон æй,
400
азвæццæгæн, ахуыр кæны сусæгæй хæцæнгæрзтæн канд сæ ара-
зын нæ, фæлæ ма семæ архайын дæр!.. Сабыр лæппу у æмæ балц-
мондаг ма суа, тæригъæд у... Хистæр йæ чысылæй фæстæмæ гæр-
зтæм ивæзта йæхи, фæлæ уый ахæм нæ уыд æмæ ма адзæгъæл уа
уый дæр?..
Цирхъ æмæ уартæй хæст хистæртæн сæ цæсты раз цыди æмæ
Сырдон лыстæггай каст лæппуты арæхстмæ. Бирæ дæр нæ уыдыс-
ты — цыппар фæлтæры дыгæйттæ. Уæлæсыхы лæппутæ уыдысты
æмæ сæ Сырдон иууылдæр зыдта, æрмæст дзы иу нæ уыд уæлæ-
сыхаг, фæлæ диссаджы арæхст кодта. Æвæццæгæн, Борæтæй у
æмæ йæ уымæн нæ зонын, ахъуыды кодта Сырдон æмæ уыцы
уысм æнæзонгæ лæппу акъуырдта, йæ ныхмæ чи хæцыд, уымæн
иæ цирхъ æмæ цирхъы зæлланг зæххыл фæцыд... Диссаджы цæр-
дæг у! — асагъæс кодта Сырдон, — фæлæ кæмæй уа?..
Цирхъджынты арæхстджындæртæй ма дыууæ куы баззад, уæд-
дæр сæ иу кæд уыди уыцы лæппу. Сырдоны зæрдæмæ тынг фæ-
цыд йæ цырд змæлд, цæст ыл нæ хæцыд æмæ Сырдон бахъын-
цъым кодта: Хурафарны æууæлтæй йæм цыдæртæ ис! Уый ма куы
уаид, уæд æй чи амбулид!.. А дунейыл уымæн æмбал нæ уыдаид
бæргæ, фæлæ ма цы?..
Дыууæ лæппуйы кæрæдзийыл уæхскуæзæй ралæууыдысты
дзæхст-дзæхст, цæвгæ, æцæг, уарты тымбылæг кодтой, фæлæ уæд-
дæр Сырдоны зæрдæ бауынгæг: искæуыл цæф куы ’руайа, уæд
фæцæнкуыл уыдзæн саби!.. Дыккаг лæппу кæд уыд Ардагъуйы
æфсымæры лæппу, уæйыгхорау, уæнгджын æмæ цонгæй, ас лæ-
гау, тыхджын. Йæ цæфмæ-иу æнæзонгæ лæппу æд уарт фæстæмæ
фæтасыд, — йæ хин ын уайтагъд ацахста Сырдоны уынаг цæст, —
æмæ цирхъы цæф фæлмæндæр кодта. Тыхджындæр лæппу та йæ
уарт фидар дардта цæфмæ æмæ-иу йæ фидар къух барызт... Иу
ахæмы æнæзонгæ лæппу кæрдæджы гуцъулайыл йæ къах скъуырд-
та, æмæ фæкалд, фæфæлдæхт. Иннæ цирхъ бæрзонд фæхаста æмæ
хъуамæ ныххафт кодтаид уарт... Сырдоны зæрдæ барызт: уарт
тæнæг арæзт у æмæ цирхъы цæф куынæ баурома, лæппуйы буар-
мæ куы баххæсса цирхъы ком!.. Фæлæ кæсы, æмæ далæ фæтулы
лæппу æд уарт, уызынау!.. Иннæ уый æнхъæл нæ уыд æмæ йæ
цирхъ сыджыты афардæг, цыдæр дурыл сæмбæлд æмæ фистон
хидæйдзаг армæй, доны кæсагау, фæцъыввытт ласта. Уæдмæ æнæ-
зонгæ лæппу фæтæррæтт кодта æмæ кафтæ зилы Ардагъуты лæп-
пуйы алыварс, ома дæ цирхъ сис, нæ йыл æрлæудзынæн, барын
дын дæ рæдыд... Ардагъуйы æфсымæры лæппу иу цъусдуг сæц-
цæйæ каст йæ цирхъмæ: цирхъ армæй аирвæзт, уæд уый састы
нысаи уыд, фæлæ йæ нæ фæндыд састы бынаты баззайын, нæ йын
26 Смрдонм цæссыгтæ
401
æй нымайы састыл йæ ныхмæ лæууæг дæр... Уый уæздандзинады
нысан у, æмæ мæныл дæр афтæ æмбæлы, — ацахста лæппуйы
зонд æмæ йæ цæсгом барухс. Цирхъы цур уарт дæр æрæвæрдта
æмæ бараст æнæзонгæ лæппумæ:
— Дæ къух мæм ратт, ме ’фсымæр, ды арæхстджындæр дæ!
— Бузныг дæ уæздандзинадæй! — æнæзонгæ лæппу дæр йæ
цирхъ æмæ йæ уарт зæххыл æрæвæрдта æмæ йын йæ арм фидар
нылвæста. — Чи зоны, арæхстджындæр разынон, фæлæ ды тых-
джындæр дæ, ды æцæг уæйыг дæ!..
— Хорз стут! Хорз стут уæ дыууæ дæр!.. — схъæр кодтой адæм
æмæ уæд Сугъар хъæрæй радзырдта адæммæ:
— Хорз адæм! Цирхъæй хæцынæй фыццаг у Фæсхъæуккаг
лæппу Базыр, дыккаг та — Уæллаг сыхы бæгъатыр Цорæ! Сæ
хæйттæ сын раттут фæсивæд!..
Дурæппарынмæ бирæ лæппутæ бахастой сæ ныфс, уæйыг лæп-
путæ бирæ разынд алы сыхы дæр. Фæлæ фæстагмæ быцæуыл схæ-
цыдысты Цорæ æмæ иу та Алæгатæй. Дуртæ уыдон куыд стырæй
ивтой æмæ зыввытт кодтой галы сæрыйас дуртæ, цыма тыччытæ
уылдтой сæ армы. Адæм сыл дис кодтой æмæ сæ ноджы ардыдтой,
сфæлварут ноджыдæр, зæгъгæ!.. Фæстагмæ уæддæр Алæгаты
лæппу, сæ чызджытæ йæм Кумара, зæгъгæ, номæй хъæр кодтой,
чысыл баразæй, иу уылынджы бæрц. Уый Ардагъумæ хъыг фæ-
каст æмæ фестади:
— Хорз адæм, уæ рын бахæрон, нæ саби фæсивæд цæмæй ма
схъал уой, ома нæртон дзыллæйы æхсæн мах хуызæн тыхджын
адæм никуы уыди, уый охыл мын бар раттут æмæ иу дур æз дæр
баппарон...
— Разы-разы! — схор-хор кодтой адæм æмæ Сугъар куырм
бæгъатыры йæ цонгæй ракодта дурæппарæн дзыхъмæ.
— Дур мын æрмæст мæ арммæ исчи авæрæд...
Лæппутæ фыдæнæн Ардагьуйы арммæ сæргьæвтой иу æнæхъуа-
джы стыр фæзгъæр, Цорæ æмæ Кумара хистæртæн бадынæн кæй
æрбатылдтой уый размæ, ахæм. Ардагъуйы армыл куы ’руæз код-
та, уæд уый цинмæ фæци:
— Гъе уый дур у, науæд тыччыйæ цъæх сылыстæг дæр хъа-
зынц!..
Ардагъу галиу къахæй дзыхъхъы æрлæууыд, рахиз фæстæмæ
айста, стæй иу сæнт къæдз фæкодта йæ гуыр фæстæмæ æмæ далæ
дур фæтæхы...
— Уæйыг! Уæйыг! Уæйыг! — хъусы Ардагъу адæмы хъæртæ
æмæ йæ зæрдæ хурварс абадт: амбылдтон! Ацы æргъиубуар саби-
тæ нырма мæнæн ницы ракæндзысты!..
402
— Куыд у? Чысыл нæ фæраздæр дæн, уæд мæ Арпаданы бап-
парут, — уæддæр ницæмæн уал бæззын! — дзуры Ардагъу æн-
къард ныхæстæ, йæ зæрдæ та рай у.
— Дыууæ къахдзæфы фæразæй дæ, бæгъатыр! — загъта йын
Сугъар æмæ йæ фæстæмæ йæ бынаты æрбадын кодта. Стæй адæм-
мæ раздæхт. — Хорз адæм! Ардагъу — уæйыгыл чи фæтых уа ду-
рæппарынмæ, ахæм нæртон дунейы нæма райгуырд, фæлæ саби-
ты хъазты уымæ ницы ’мбæлы. Гъе, фæлæ мын æфсинтæй иу афтæ
зæгъы мæ хъусы: Ардагъуйæн сылгоймæгты кады нуазæн ронгæй!
— Раст у! Раст у! — схъæр та кодтой фæсивæд æмæ иу чындз
стыр нуазæн балæвæрдта Сугъармæ, уый та Ардагъумæ.
— Бузныг, хорз адæм! Ма мыл фæхудут, зæронд æмæ куырм
лæг уæдæ йæхи цæмæй бабуц кæна?.. Худгæ дæр мыл кæнут æниу,
ницы йын у, худæн бонтæ æмæ уыл хъазæн бонтæ цæуæнт!
Ардагъу зæрдиагæй анызта ронджы кæхц. Ныр адæм, дард-
дæр цы уыдзæн, уый нал зыдтой æмæ фæхъус сты. Сугъар сæм
хъæрæй радзырдта:
— Хорз адæм! Нырма нæ хъæзтытæ нæ фесты, фæлæ уын сæ
развæлгъау нæ нымайын, — ахæрынæй, дам, анхъæлмæ кæсын
хуыздæр у. Мæнæ нæм дарæнты фыййæуттæй иу лæппу æрцыд,
Алæгатæй, дам, дæн, Хуагомы нывонд фос хизы йе ’мбæлттимæ.
Зæгъы, мæныл, дам, дугъы ауайынмæ ничи фæтых уыдзæн!..
Лæппу лыстæг симдæй рацыд хъазæн фæзмæ, йæ сæрæй акуыв-
та адæмæн, стæй раст слæууыд, бæгъæмсар æмæ бæгъæввадæй,
цыбыр хæлафы, йæ уæнтыл дæрдджын уæлæфтау, æмæ ныфс-
джынæй радзырдта:
— Сугъар ма цы нæ загъта, уыдон уын зæгъон цыбырæй. Мæ
ном хуыйны Хуазар. Райгуырдтæн ахсæв, Хуагомы куывды фæс-
тæ куы баталынг, уæд. Ахсæв мыл æххæст кæны дыууадæс азы.
Абон ма мын бар ис сабиты хъазты мæ хъару бавзарынæн æмæ
мæм кæд исчи йæ ныфс хæссы, уæд мæнæ æз. Ничи мæ фæразæй
уыдзæн мæ кары лæппутæй!..
— Куыд у, лæппутæ, исчи йæ ныфс хæссы, уæд рахизæд æмæ
авзарæд! — сиды Сугъар, фæлæ лæппутæй ничи цæуы йæ сидтмæ.
— Бафæрсын æмбæлы Сугъар? — рацыд рæнхъæй æмæ йæ
цъæхснаг хъæлæсæй дзуры Сидахъ. Адæм дис кæнынц, саби куыд
бауæндыд ас лæгмæ йæ номæй дзурын. Фæлæ Сугъарæн æхсыз-
гон у æмæ худгæйæ зæгъы:
— Æмбæлы, мæ хур, æмбæлы, бафæрс æй.
— Хуазар, зæгъ-ма, куыдзæй дæр тагъддæр ауайдзынæ дугъы?
— Куыдзæй? — зæрдиагæй бахудт Хуазар. — Уый та цы фарст
У, лæппу? Æз нæ уæтæры куыйты сæ фæстаг къæхтæй рацахсын
403
ссæдз къахдзæфмæ!.. Ракæнут мæм иууыл лидзагдæр куыдзы æмæ
дзы кæд ацы фæзы иу зылдæн нæ фæразæй уон, уæд ницы дугъон
дæн.
— Уæдæ мæнæ мæ куыдз мæ фарсмæ æмæ уыимæ афæлвар! —
Сидахъ рацыд лæппуйы цурмæ, йæ фæдыл — Урсдзых, æмæ иу
ран æрлæууыдысты. Сидахъ амоны лæппуйæн: ды уал лидз зил-
лаччы, куыдз дæр æй куыд бамбара, зилгæ лыгъд кæй кæндзыс-
тут, стæй дæ æййафдзæн. Лæппу сразы æмæ лыгъд радта. Иу
зылд куы ’ркодта, уæд Сидахъ йæ хъусы бадзырдта Фатакуйæн:
йæ фæдыл лидзгæ æмæ фæразæй у!
Фатакуй асæррæтт кодта æмæ йæхи ауагъта сæрибарæй, Сыр-
донимæ Арпаданы былмæ куыд фæлидзы, афтæ. Лæппу дыккаг
зылд куы ’ркодта, уæд Фатакуй æртæ зылды ахицæн кодта, лæп-
пуйы цурты тигъ-мигъ дугъ бакодта, ома мæ ныр та ды расур, æмæ
та ныббындз. Йæ къæхты истыл цæст нæ хæцыд æмæ адæммæ афтæ
каст, цыма уæлдæфы ленк кæны, зæххыл æппындæр нæ хæцы...
Аст зылдæн бафæрæзта лæппу (Фатакуй уæдмæ фынддæс зылды
æркодта) стæй йæ раздæры лæууæн бынатмæ бацыд, йæ улæфт
йæхимæ куы ’рцыд, уæд ныллæг хъæлæсæй бадзырдта адæммæ:
— Куыдз фæразæй! Уый куыдз нæу, хæйрæджы лæппын у
æмæ цы кодтаин?! Фæлæ лæппу-дугъон мæнæй ничи фæразæй,
фыццаг дугъон нæ лæппутæй æз дæн...
— Раст зæгъы Хуазар, — сразы Сугъар. — Лæппутæй фыццаг
уый у, фæлæ хæснаг кæм фембылды, уым фыццаг хай — Сидахъы
дугъон Урсдзыхы у. Дыккаг æмæ æртыккаг хæйттæ та дыууæ дæр
Хуазары! Сæ хæйттæ сын, лæппутæ!..
Хуазар разыйы нысанæн йæ сæрæй акуывта адæмæн, йæ хæйттæ
та сындæггай бафснайдта йæ фарсыл хызыны. Фатакуйы хæйттæ
цы фæкæна, уый нæ зыдта Сугъары кæстæр æмæ йын сгуы йæ
фындзы размæ бахаста. Фатакуй йæм иу мæсты каст скодта æмæ
араст Сидахъы цурмæ.
— Лæппу, — фæхъæр кодта Сугъар, — Урсдзых дæуæй æмбар-
гæдæр куы разынд, уæд дын худинаг нæу? Ахæсс ын сæ йæ хи-
цауы арммæ, уый дын амоны!..
— Бузныг, хорз адæм! — загъта ма фыййау лæппу. — Фæлæ
уын уый бауайдзæф кæнон: уæ цины бон цæмæн ферох кæнут уæ
фыййæутты?.. Мах дæр уæ лæппутæ куы стæм, уæ фосы фæдыл
куы цæуæм, æнцойбон нын куы никуы вæййы, æмæ ныл афтæмæй
иу мæтгæнæг куы нæ ис, уæд уын цы кодтам?.. Хорз фæтк уæм
нæй, мæнæ адæм!.. Къæйныхæй æмæ комкоммæ уымæн дзурын
æмæ ма уæ афтæ æмбырдæй кæд фендзынæн, стæй мын уæтæры
фыййæуттæ ныффæдзæхстой афтæ...
404
— Хорз, мæ кæстæр, исæм дын дæ уайдзæф, фыййæутты уай-
дзæф, — дзырд йæхимæ айста Сугьар. — Чи зоны, уый фылдæр
Хуагоммæ хауы, фæлæ дзы мах азым дæр ис... Хорз, мæ дзырда-
рæхст фыййау, хорз... Фæлæ мын фæгæдзæ кæн, æнæ мæ фенгæ ма
ацу, ныхасæн мæ хъæуыс, мæнæ уал хъазты хабар ахицæн кæнæм.
Лæппу та йæ сæрæй акуывта адæмæн æмæ иуварс алæууыд.
Сугъар адæммæ раздæхта йе ’ргом:
— Хорз адæм, фатæй хæцын, цирхъæй цъыччытæ кæнын, дур
зыгъгъуытт кæнын, стæй дугъы уайын дæр хорз сты, фæлæ нæр-
тон дзыллæйы цард æрмæст уыдонæй нæу... Нæ фыдæлтæ симын
æмæ зарын уарзтой цины бон! Сæ иллæлæй-иу уæлæ Уазайы цъуп-
мæ хъуыст!.. Фæндыры цагъдмæ-иу дуртæ дæр хъуыстой æмæ
кафыдысты!.. Фæлæ абон зарын æмæ кафыны бон нæу. Нæртон
дзыллæйыл стыр фыдбылызтæ сæмбæлд æмæ нын уый фадат нæй...
Гъе, фæлæ кæд исчи зоны уадындзыл цæгъдын нæ сабитæй, на-
уæд рæсугъд æхситт кæнын, зарæджы хъæлæсау, уæд йæхи рав-
дисæд нæртон адæмæн... Мæхæдæг дзы иу сабийы зонын, хорз
арæхсы уадындзæй цæгъдынмæ æмæ йæм хатын: рацæуæд, ацæгъ-
дæд æмæ нын нæ зæрдæ барухс кæнæд!.. Уый мæ зынгхуыст æм-
гар Саулæджы саби у, ныртæккæ йæ федтат, Сидахъ хуыйны...
Цы фæдæ, Сидахъ, æмбæхстытæй дын нал у, хъуамæ ацæгъдай!
Сидахъ рахызт сабиты рæнхъæй. Хистæртæм æввахс балæууыд,
Сырдоны цæстытæм иу каст фæкодта æмæ йæм уый йæ мидбылты
зына-нæзына бахудт æмæ саби бамбæрста: бар дын ис, цæгъд!..
Сидахъ йæ урс нымæтхуд фесчъил кодта, йæ цæсгом дзæбæх
куыд зындаид, уадындз дыууæ къухæй йæ былтæм схаста, цалдæр
улæфты дзы ныккодта, Сырдоны фæзмгæйæ, стæй райдыдта «Бу-
лæмæргъы зарæг». Адæм ныссабыр сты, алчи дæр зыдта булмæр-
гъы зарæг йæ чысылæй фæстæмæ. Фæлæ дис кодтой, ацы саби
афтæ аив куыд фæзмы мæргъты хъæлæстæ, раст цыма Хæрис-
джын къохы булæмæргътæ иууылдæр йæ уадзындзы хъуыры
уыдысты æмæ уырдыгæй цыдæр диссаджы рæсугъд зарæг код-
той... Сидахъ-иу зарæджы хъæлæс куы бæрзонддæр систа, куы
ныллæгдæр, куы-иу йæ уадындзы дзыхъытæй мæргъты пæр-пæр
хъуыст, куы та цыдæр æнтъыснæг уагыл адæймаджы хъæлæс.
Фæстагмæ Сидахъ йæ уадындзы фындз сындæггай хуры цæстыр-
дæм скодта, зарæджы хъæлæс фæпæррæст кодта, уылæнтæ-уылæн-
тæ ивылын райдыдта хæрдмæ, уæлæрвтæм, хурмæ... Исы йæхи
уыцы æхцон хъæлæс уæлæуæз-уæлæуæз, фæуæлдæр Уазайы цъуп-
пæй дæр æмæ цадæггай айсæфти уæлæрвты бæзджын цъæхы, адæй-
маджы бæллицтау — æгæрон тыгъды...
Сидахъ сындæг æриста йæ уадындз йæ ронбасты онг, стæй
405
фыййау лæппуйы бафæзмыдта æмæ уый дæр йæ сæрæй ныллæг
акуывта адæмæн. Æвиппайды ныззæй кодтой, кæйдæр дзыхæй
рацæугæ ныхасы фæлхатæн: Цæр-Цæр-Цæр!.. Сидахъ нал зыдта,
цы ма кæна æмæ сагъдауæй лæууыд, цыма тынг бафæллад, уыйау
йæ ныхыл хиды цæппузыртæ хуртуан авæрдтой... Сырдон фæха-
тыд лæппуйы уавæр, рахызт æддæмæ, йæ цурмæ бацыд æмæ йын
йæ уæхскыл йæ къух æрæвæрдта. Сидахъ скаст Сырдонмæ æмæ
йын йæ худæзмæл цæсгом куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ æрсабыр:
мæ цагъд æвзæр нæ рауад!..
Сырдоиы рацыдмæ адæм фæсабыр сты — æвæццæгæн, исты
зæгъынмæ хъавы æмæ хтьусын хъæуы. Бамбæрста уыцы æнхъæл-
цау Сырдон дæр æмæ сæм радзырдта:
— Хорз адæм! Уадындзæй цæгъдынмæ арæхсын куы зæгъон,
уæд мæнг ныхас нæ уыдзæн... Зонын ацы аив, фæлæ уын комком-
мæ зæгъын: ацы лæппу ныр дæр, саби уæвгæйæ, мæнæй æвзæр-
дæр нæ арæхсы! Уый мæнæн стыр цин æмæ зæрдæрухсы хабар у!
Кæддæр иу уадындз сарæзтон мæхицæн æмæ нымадтон: ацы уадын-
дзæй æз уæларвон зæдты дæр амбулдзынæн зарæджы хъæлæс
фæзмынæй! Ныр мæнæн уый фадат нал ис. Зарын нал амоны мæ
зæрдæ, стæй мыл азтæ дæр æруæз кодтой... Раст у, махмæ фæн-
дыр æмæ уадындзыл фылдæр зæрæдтæ цагътой, фæлæ уый æнæ-
бары хъуыддаг уыди. Уæларвон зардамонд та æвзонг зæрдæ æмæ
рæстаг уд уарзы. Уыдон сты ацы лæппумæ æмæ йæ уарзут абонæй
фæстæмæ уе ’ппæт дæр, уарзут, рæвдаут æмæ æвæрут!.. Æз та
йын мæ зæрдæ йæ армы дзыхъхъы авæрин, фæлæ йæ уый ницæ-
мæн хъæуы, уым бирæ маст æмæ хъыг, фыдæх æмæ хæрам уыдис
царды зилдухæнты æмæ йæ нæ хъæуынц, фæлæ йын лæвар кæ-
нын, зæдтимæ быцæу цы уадындзæй кæнинаг уыдтæн, уый!..
Сырдон систа йæ уæлæфтауы мидæггаг дзыппæй тинтычъи
гæппæлы тыхт уадындз, райхæлдта йæ æмæ йæ нывæрдта сабийы
армы:
— Хæц, мæ лæппу, æмæ цæгъд! Æмбул уæларвон зæдты дæр! —
Сырдон райста Сидахъæй уагъылы уадындз æмæ уый та йæ дзып-
пы нывæрдта... Сидахъ æркасти ног уадындзмæ: диссаджы рæ-
сугъд у, цымæ йын хъæлæс дæр афтæ хорз ис?.. Уыцы уысм чи-
дæр бахъæр кодта адæмæй: «Ацæгъд ма дзы, Сидахъ! Ацæгъд!»
Сидахъ уадындз йæ дзыхмæ схаста æмæ дзы æвиппайды ныуулæ-
фыд йæ зарæджы кæрон. Ныййазæлыд хурмæ кувæн хъæлæс, стæй
афтæ тыхджын — æмæ Хæрисджын къохы мæргътæ дæр райдыд-
той зарын... Сидахъ зарæджы кæрон ацагъта кæронмæ, стæй
уадындз æриста йæ дзыхæй æмæ скаст Сырдонмæ, ныллæг хъæ-
лæсæй йæм бадзырдта:
406
— Баба, уый йæхæдæг куы цæгъды...
Сырдоны зæрдæ суынгæг уыцы дзырдмæ æмæ ма бафæрæзта:
— Цу дæ мадмæ, мæ хуры цæст, цу! — йæхæдæг фæстæмæ
фæзылд, йæ цæстытæ донæй айдзаг сты æмæ хистæрты бадæнæй
хъæуы ’рдæм ацыд, куыд нæ йæ федтаиккой.
— Хорз адæм! Нæ хъазт фæци! Ныр та, цæл, минас кæй фæн-
ды, дыццæджы хуымгæрдæны иумæйаг куыстмæ кæй фæнды,
уыдон — фынгмæ! Хистæртæ! Уæ хорзæхæй фынджы сæр æрба-
дут æмæ йын æгъдау радтут!.. Хуагомы куывд нæ хъуамæ ма
амбула!..
Адæм иууылдæр фæпырх сты æмæ, кæрæдзийыл цингæнгæ,
фынгтæм аивылдысты. Хистæртæ дæр дæларм-уæларм ныххæцы-
дысты кæрæдзийыл æмæ фынгтæм сæ цыд скодтой. Æрмæст Ала-
фарн фæхицæн æмæ Сырдоны фæдыл араст: йæ зæрдæ куы ’рса-
быр уа, уæд æй раздахдзæн æмæ уый дæр хъуамæ фынгыл бада...
* * *
Хуымгæрдæн райдыдта Фæсхъæуы сидзæргæсты хуымтæ æф-
снайынæй. Æцæгдæр, æртæ бонмæ бафснайдтой нæртон хъæуты
сидзæргæсты хуымтæ, дыууæ боны та бахъуыдысты Бурæфæр-
ныджы, фыййæутты æмæ лæгдыхæй цух хæдзæртты хуымтыл,
стæй иутæ сæхи куыстытыл фесты, иннæтæ та къордтæ-къордтæй
зылдысты сæ хуымтыл æмæ, зиугæнæгау, карстой кæрæдзи хуым-
тæ, ластой куыристæ мустæм, мæнгагъуыстытæм, ома уарынтæ куы
райдайой, уæддæр хортæн куыд ницы тас уа æмбийынæй. Сырдон
æмæ Алафарн дæр къуыримæ фесты карст сæ хуымтæ. Ныр ма сæ
ласын хъуыд æмæ уый æнцонгуыст уыди, Алафарны Сырдоны
’ххуыс нал хъуыд, йæ лæппутимæ сæ ласдзæн, Сырдон та фæкæ-
сæд æндæр искæмæ... Сырдон сразы, фæндыд æй Сагсуры абæ-
рæг кæнын, уый хæдзармæ рауадзын дарæнæй — уадз æмæ иу
чысыл йæ бинонтимæ фæуа, Фæрныгмæ дæр фæкæса фæззæджы
куыстытæм. Сырдон, æцæг, иу бон бакуыста Фæрныгимæ, стæй
цыдæр хæринæгтæ айста йемæ Фæрныгæй фыййæуттæм æмæ
фысымы бæхыл араст дарæнмæ, Фатакуйы ныууагъта Сидахъы
’вджид. Уыдон кæрæдзийæ ныр уæддæр стæм хатт хицæн кодтой.
Фæрныг хорз бæхтæ дардта. Сырдонæн фырбуцæн йæхи бал-
цы бæх радта, сираг æмæ хъалхаст. Бæх цыди æвæлмæцгæ, узæ-
гау кодта йæ барæджы æмæ Сырдон, йæ рагон ахуыр афтæ уыд,
нымайын райдыдта нæртон дунейы сагъæссаг царды хабæрттæ.
Тæбыны суйтау сæ райваз-байваз кæны, кæд фæхицæнтæ уаик-
кой, райхалид сæ æмæ сæ ногæй стухид иу царды аив къуыбы-
407
лой... Зынархайд у царды къуыбылой, фæлæ йын йæхи уагыл
уадзæн нæй, уæд тынгдæр ныссуйтæ уыдзæн — къуыбылой райха-
лын æмæ ногæй стухын хъæуы...
Уырызмæг æмæ Сатана, стæй нæртон хистæртæ фидауыныл
разы кæнын райдыдтой æмæ уымæй фæныфсджын сты Армимаз
æмæ Алафарнимæ — кæд фыдбылыз сæ иувæрсты ахъуызид ацы
хатт!.. Фæлæ Сырдон уæддæр тарст Уырызмæджы зæрдæхатты
иу миниуæгæй. Иваг уыд йæ ныхас Сатанайы тæрхонæй. Цы бæ-
рæг и, цы фæндиаг æм фæкæсдзæн растдæр сом-иннæбон?.. Йæ
ном æмæ йæ кад кæй фæцудыдтой, уый хорз зоны æмæ куы тырна
нæртон дзыллæйы ’хсæн йæ кад раздæры бынаты сæвæрынмæ, йæ
фæрæз: тыхджын ныббырст, стыр тæлæт, науæд Барсæджы цал-
хæй туг нæртон ист ракæнын!.. Гæнæн ис, иу æнæрайы бон ахæм
бархъомыс ныббæтта иннæ нартæн дæр, уæлдайдæр балцмондаг
фæсивæдæн... Уæд фыдбылызæн æнæрцæугæ нал уыдзæн... Балц
фæрæстмæ, уæд фæсивæд тырндзысты ног балц, ног уæлахизмæ...
Чи сæ бауромдзæн?.. Цытуарзаг адæм бирæ ис нæртон зæххыл,
стæй ном æмæ фæллой цирхъы комæй чи агуры, ахæмтæ дæр...
Сырдон тынгдæр тæрсы Батырадзы ныхасæй. Фыццаг ницæ-
мæ æрдардта уыцы æртхъирæн, фæлæ Уырызмæг тугисыны фæн-
диаг адæммæ куы рахаста, хистæртæ йыл Ныхасы æргом дзурын
куы райдыдтой, уæд Сырдоны зæрдыл æрлæууыд: Батырадз уæларв-
мæ куы цыд, уæд афтæ кæй бакодта — «мæнæн уæлæрвтæм æдзæу-
гæ нæу, ныр мын дзы туджджын кæм фæзынд, уым уæлдайдæр...»
Иугæр Барсæджы уызыны йæ туджджыныл нымайы, уæд йæ хи-
стæрты дæр куы нал бафæрса, тугисыныл куы ныллæууа?.. Уырыз-
мæджы æртхъирæнæй рæхджы ницы рауайдзæн: Барсæг æнцон
ракъуырæн нæу, нæ дæр æнцон ссарæн — уæлæрвтæй стæм хатт
ратулы; нæртон æфсады ныхмæ иунæгæй хæсты бацæуа, уый дæр
дзы нæй, йæхи сæ хиздзæн, æфсон æй ис — йæ маст райста, цæу-
ыл ма хæцы?! Фæлæ Батырадз уæларв дунейы ис, арæх ыл æм-
бæлдзæн æмæ йæм не ’вастæй куы балæбура?.. Барсæджы акъуы-
рын уымæн — арсы хъуыны мæлдзыг, фæлæ уый фæстæ куы ныг-
галиутæ уой хъуыддæгтæ, æндæра мах фервæзиккам нæ мæ-
тæй: нæ туг — ист, уæлæрвты цæрджытимæ нæ ницы хилаг ис!..
Бæргæ, бæргæ, афтæ куы рауаид, фæлæ йæ фæдыл стырдæр фыд-
былыз куы расайа: бардуæгтæ Барсæджы фарс куы рахæцой, Ба-
тырадзæн æргом хæст куы расидой, уæд ма цы уыдзысты нарт?..
Хæстмæ æдзæугæ нал уыдзæн æмæ уæлæрвтимæ хæсты куы фе-
сæфæм æмхуызонæй — Батырадз дæр, мах дæр?.. Куы нæ ныл
тых кæной, Батырадз йæхæдæг æнæхъæн æфсад у! — уæддæр нæ
уынгæджы фæкæндзысты сæ сусæг хæрамæй æмæ ма куыд цæр-
408
дзыстым?.. Æргом хæсты сæр сæ æппындæр нæ хъæуы... Рын
сыстдзæн адæмыл, фосыл... Уарынтæ фесафдзысты хуымтæ... Цæ-
мæй ма цæрдзысты мæгуыр адæм?.. Искæмæ бырсынæй дæр цы
фæфос кæндзыстæм?.. Цагъды фæуыдзысты нæ фæсивæд, иннæ-
тæ сыдæй аскъуыйдзысты... Цы ма нын баззайдзæн? Кувын, лæгьс-
тæ кæнын бардуæгтæн æмæ нæхи тыхджынтæн!.. Уый цард у?..
фосы цард, сырды цард, кæрдæджы цард!..
Ногæй та æрхæццæ Сырдон йæ раздæры хъуыдымæ: нæй лæ-
гæн цæрыны фадат ацы фыдвæтк æмæ тыхмийы дунейы!.. Æмæ
цы фæуа, цы кæна лæг?.. Куыд дзы схицæн уа?.. Нæ зоны Сыр-
дон ацы фарстæн дзуапп. Стæй йæ исчи зоны?.. Тыхсы, катай
кæны, зилы дунейыл Сырдоны хъуыды, фæлæ рæстмæ дзуапп нæ
ары æмæ та фæлладæй æрыздæхы иу ранмæ — нæй лæгæн цæры-
ны фадат а-дунейыл!.. Фæлæ йæхи дæр куыд амара?.. Стæй иу
лæг йæхи амардзæн, уымæй цы аивдзæн дзыллæты царды?.. Адæм
та сæхи нæ фæцæгъддзысты æмхуызон æмæ цæрдзысты сæргуы-
бырæй, фосы цардæй, кæрдæджы цардæй... Æндæр хуызы цæ-
рæн ис, уый дæр нæ зондзысты æмæ нæ бæлдзысты хуыздæр дуне
сфæлдисынмæ сæхи зонд æмæ хъаруйæ... Ау, æмæ ма уæд цæмæн
радта лæгæн йæ рафæлдисæг зонд, хъару, зæрдæ, мысын æмæ
бæллын, фæндиæгтæ нæвæндын?..
Фæцис иугъæдон быдыры фæндаг. Сфæлмæцыд Сырдон йæ
сагъæстæй æмæ, цы фæуыдаид, уый нал зыдта, фæлæ ныр хъæды
сатæджы фæиппæрд йæ иугæндзон хъуыдыйæ, стæй Фæрныджы
бæх куы схуыррыттытæ кодта, уæд йæ зæрдыл æрæфтыд: иу суа-
доны цур æрулæфын хъæуы, бæхæн дæр дон бадарон æмæ чысыл
аулæфа, тæригъæд у. Уæддæр æхсæвæрафонæй раздæр не схæц-
цæ уыдзынæн уæтæрмæ... Цымæ цы аразы афонмæ Сагсур, науæд
Фæрныджы æрвдзаст лæппу?.. Замманайы лæппу ахæм хъæбæр-
зæрдæ лæгæн!.. Йæ мадау цæсгомæй рæсугъд, чи зоны, удæй дæр
уый хуызæн мцыд, фæлæ йын цы зонын, цахæм уд уыд Фæрны-
джы усæн?.. Иæ хъæлæс дæр ын никуы фехъуыстон... Нæ къахбай
хæрæг æм куы баирвæзт, уый фæстæ йæ Фæрныг дуарахæстæй
дардта. Лæппу мын йæ цæстыты æрхуым фæкастæй мæ уд бамæ-
гуыр кодта æмæ йæ куыд барæвдыдæуа?.. Уадындз ын бæргæ
сарæзтон, фæлæ уый цы фаг у?.. Сабийы мады рæвдыд хъæуы,
уымæ та йæ фыдæй дæр схуыст ныхасæй дарддæр ницы хауы...
Тæригъæд у, фæлæ йын цы мæ бон у, кæд æй фенын, кæд ыл
баузæлон?..
Сырдон, дарæнтæ кæм райдыдтой, уырдæм куы схызт хъæды
дзыхæй, уæд бæстæ иууылдæр æмыр талынгæй æмбæрзт уыд.
Нырмæ Сырдон æмæ йæ бæх тындзыдтой, кæд хъæдæй тагъддæр
409
схизиккой. Ныр разындысты фыййæутты æртытæ æмæ Сырдон нал
тагъд кодта. Æрхызт бæхæй æмæ йæ йæ фæдыл идадзæй ласта.
Сагсуры куыйтæ бæх æмæ барæджы куы суыдтой, уæд ныр-
рæйдтой æмæ сæхи рауагътой æрбацæуджытæм. Сагсур та хъæр
ракодта иу хъил дуры аууонæй:
— Кæцы дæ уый?!.
— Тыхгæнæг! Тыхгæнæг!
— Дзигло уæйыгæн — тыхгæнæг?! — базыдта Сасур Сырдоны
хъæлæс æмæ йæм рацыд, куыйтыл схъæр кодта æмæ алыгъдысты,
Сырдонæн та йæ идон райста. — Æгас цу, æгас, Уæйыг!.. Мæ
цæстытæ дæм ныуурс сты, дзигло, фæлæ хорз у уæддæр — æрба-
цыдтæ!.. Лæппутæ! Мæнæ диссаджы уазæг фæзынд æмæ йын исты
фенут! — ахъæр кодта фыййæуттæм Сагсур, фæлæ Сырдонмæ
æндæр фæнд уыди.
— Ма тыхсут, лæппутæ! Фарны уазæг йе ’хсæвæр йемæ хæс-
сы!
Сырдон баузæлыд фыййæуттыл, нырма æнахъом лæппутыл,
Фæрныджы лæппуйы та йæ хъæбысы ныттыхта:
— Лæппутæ, махмæ уыди стыр куывд, æмæ уын уæ хæйттæ
рарвыстой, уе ’хсæвæр мæнæ рифтæгты ис, хæрынæввонг! Æцæг
дзы хом хæйттæ дæр ис æмæ сæ аджы ныккалут, хæрд тайæн дæр
у басимæ... Æви рæдийын?..
Лæппутæ бахудтысты æмæ сæ иу йæ ныфс бахаста дзуапп рад-
тынмæ:
— Фыййауæн хуыздæр сты дыууæ иумæ, фыд æмæ бас, фæлæ
фысымæн та кæд йæ зæрдæ риссын кæнынц?..
— Амбылдтай мæ, лæппу, фæлæ мах фысымы маст цы кæнæм,
и? Стæй сæ фысым дæр хæрынæн рарвыста, тауынæн нæ бæз-
зынц, цы сыл ауæрдæм?..
— Уæ дыууæ дæр раст зæгъут, фæлæ фысым нырма æз дæн,
стæй нæхимæ куы ацæуæм, уæд та нын Фæрныг цы схай кæна,
ууыл хъæцдзыстæм... Цæлой, — уый дзуапджын лæппумæ ба-
дзырдта Сагсур, — аджы дон раив æмæ фыды муртæ уым ныккал.
Цалынмæ фыцой, уæдмæ та фых дзидзатыл уæхи аирхæфсут.
Сырдон, ды уал лæппутæн куывды хабæрттæ радзур, æз уæтæ-
рыл азилон, стæй мыл фых дзидзайы тæф куы сæмбæла, уæд уæм
цæудзынæн, куы нæ мæ раиват, уæддæр, — ацыд Сагсур æмæ
куыйтыл фехситт кодта.
Саби лæппутæ бамбырд сты Сырдоны алыварс æмæ цымыди-
сæц хъусынц хъазты хабæрттæм. Уæлдайдæр, се ’мкар лæппутæ
куыд хъазыдысты, чи æмæ дзы куыд расгуыхт, уыдæттæм. Сыр-
дон сæм кæсы æмæ йæ хаты, куыд бæллынц хъазынмæ, куыд тæ-
410
худы кæнынц, сæ цахъхъæн лæппутæй уым чи фæци, уыдонмæ.
Тæригъæд сын кæны æмæ йæ миднымæр ног фæнд амайы, — фи-
дæнмæ ма кæд дзæбæх уæм, уæд фыййау лæппуты раивын кæн-
дзынæн хистæртæн, сабитæ иууылдæр уым куыд уой, алкæмæ дæр
иу чысыл цины хай куыд æрхауа...
Дугъон лæппуйы коймæ куы ’рхæццæ Сырдон, уæд Цæлой афтæ
бакодта:
— Уым ын нæ фæдæн æмæ æппæлыд Хуазар!.. Æз бирæ хæт-
тыты афæлвæрдтон йемæ, фæлæ мæ никуы фæразæй, уæлдайдæр
дардмæ лидзынмæ... /Еввахсмæ, æцæг, зын баййафæн у. Иу ты-
мычъи акæны æмæ йæ цæст дæр нал ауыны. Фæлæ йыл дардмæ
лидзынмæ æз тых уыдтæн... Нæ мæ амбылдтаид, фæлæ уым нæ
фæдæн æмæ ма цы: фæсхуым — ело!..
— Ма хъынцъым кæн, Цæлой, фидæнмæ дæр та кæндзыстæм
ахæм куывд, фыййау лæппутæ дæр уым уыдзысты æмæ-иу сфæл-
вар дæ хъару, æрмæст ныр райдай дæхи æууындзын... Урсдзых
йæ райхъалæй хуры скастмæ фæралидз-балидз кæны, стæй æрвыл
бон!.. Дугъон лæг дугъон бæхау æууæрст хъуамæ уа!
— Уый æнцон у, уый мæ быгъдуан, кæд мæ æцæг раивын кæн-
дзынæ фидæны куывды бон, уæд, — бæлгæ хъæлæсæй хаты Сыр-
донмæ Цæлой.
— Уый та дын мæ быгъдуан, — бахудт Сырдон.
Сидахъ уадындзæй куыд цагъта, уымæ та уæлдай лæмбынæг
хъуыста Фæрныджы æрвдзаст лæппу Хуамæт. Ахæм ном ыл Фæр-
ныг Хуагомы цæстмæ сæвæрдта. Фæндыдис æй, йæ лæппу дæр,
Алæгаты хистæрау, дзырдарæхст æмæ дæсны кувæг куы рацæ-
уид. Сырдон йæ ныхас куы фæци, уæд Хуамæт загъта ныллæг
хъæлæсæй:
— Уадындз æз дæр ацагътаин бæргæ, фæлæ мын нæй... Гыцци
мын кæцæйдæр æрхаста æмæ мын цæгъдын дæр амыдта, фæлæ
мын мæ хæтæл иу хатт баба асаста: худинаг, дам, у лæппуйæн
уадындз цæгъдын!..
— Хæмæт, — Сырдоны зæрдæмæ нæ цыд Хуамæт æмæ йæ Хæ-
мæтмæ раивта. — Раст нæ бакодта дæ фыд, уадындзæй цæгьдын
худинаг никуы уыд нæртон дунейы. Уадындзæй уалæ æрвон зæдтæ
æмæ дауджытæ дæр фæцæгъдынц... Æцæг уыдон зарæг махмæ не
хъуысы... Фæлæ уый цы? Уадз æмæ сæм мах зарджытæ фехъуы-
сой! Ныр у, æмæ уал мæнæ ацы уадындзæй цæгъд, — систа Сырдон
йæ уæлæфтауы дзыппæй ног уадындз, уагъылæйæ нæ, фæдæгъдæй
арæзт, хъæлæсджын, æмæ йæ Хæмæтмæ балæвæрдта. — Ай размæ
дын куы баныфс æвæрдтон, ферох дæ? Мæнæй нæ ферох.
— Ай цыдæр диссаг у, æз ыл базондзынæн? Мæ уон ахæм
411
нæ уыд, — дызæрдыг æмæ æрхуым хъæлæсæй фæрсæгау кæны
Хæмæт.
— Базондзынæ, мæ лæппу, базондзынæ! Мæнæ уал æхсæвæр
бахæрæм, стæй дын равдисдзынæн, куыд архайын хъæуы ацы хæ-
тæлимæ.
— Йеиыр ма ацæгъд, о! — балæгъстæ кодта Цæлой, — цы ма йæ
æргъæвыс фæсахсæвæрмæ, уый нырма кæд уыдзæн...
Фæтæригъæд ын кодта Сырдон æмæ сразы. Райста уадындз
æмæ амоны:
— Мæнæ уый уадындзы дзых у, йæ улæфæн. Мæнæ ацы лыхъ-
хъытæ та хуыйнынц зæлдонтæ, зарæджы хъæлæс ардыгæй хъуа-
мæ сласай, тинтычъи æлвисæгау. Авд хъæлæсы ис уадындзæн,
æмæ дæ цахæм бафæнда, ахæм хъæлæсæй хъуамæ суаса, сзара,
сниуа дæ хæтæл... Дæсны куы уай, уæд гæнæн ис æмæ авд хъæ-
лæсы дæр баиу уой æмæ æмуд-æмвæндæй цæуа сæ зарæг... Ахæм
цалынмæ суай, уæдмæ та хъуамæ ахуыр кæнай, фæлварай... Уæд
дæ фæрнæйдзаг цагъдмæ, чи зоны, уæларв зæдтæ дæр æрæхъу-
сой... Уыдис, дам, ахæм дæсны цæгьдджытæ нарты уæзæгыл, фæлæ
ныр алчи фат æмæ æрдынæй, цирхъ æмæ уартæй архайы, дæсны
цæгъдджытæ дæр, чи зоны, уымæн нал ис... Фæлæ ды, Хæмæт,
чи зоны, ахæм лæг рацæуай, зæдтæ кæмæ хъусой сæ уæларв 6а-
дæнтæй... Уæдæ... Чи зоны, Сидахъ дæр ахæм лæг суа...— Сыр-
дон систа йæ дзыхмæ уадындз æмæ сын булæмæргъы зарæг афæз-
мыдта. Зарæджы кæрон райста уæларв зæдтæм æрвыстæгау, йæхи
бæрзонд систа æмæ кæмдæр стъалытæм æввахс талынджы аны-
гъуылд... Хæмæт йæ фæдыл кæсæгау акодта æмæ афтæ зæгъы:
— Чи зоны, ацы цагъд дæр схæццæ уа уæлæрвтæм... Тæхгæ
уырдæм акодта, уалæ стъалыты бынмæ, æз æм кастæн...
— Уырдæм дæр схæццæ уыдзæн, мæ лæппу, фæлæ фæлвар,
цæгъд, зар... Æндæр дзы зынæй ницы ис, — баныфс æвæрдта Сыр-
дон æмæ Хæмæты уырны, искуы йæ цагъд фехъуысдзæн уæлæрв-
тæм, уалæ бæзджын талынгмæ, стъалыты цурмæ...
* * *
Сабитæ æхсæвæр куы бахордтой, уæд сæ Сырдон фынæй кæ-
нынмæ арвыста, йæхæдæг Сагсуримæ сабыргай зылдысты уæтæ-
ры алыварс æддейауты: хуыснæг куы хъуыза, науæд сырд, уæд
æй раджы куыд базоной, куыйты разæй. Ныр хабæрттæ уымæ
бавдыста сæ сæйраг хуызы: сидзæргæстæн баххуыс кæнын, тыхст-
дæр чи у, лæгдыхæй цух чи у, уыдонмæ фæкæсын; сабиты кæрæ-
дзийыл ныхасын, иу нарты фæсивæд кæй сты, уый сын ныдздзу-
412
рын сæ зæрдæмæ... Радзырдта йын, Барсæгимæ фидауыны фæнд-
тæ куыд кæнынц æмæ сæ адæмы хистæртæм куыд хæссынц... Загъта
йын йæ сæйраг тас дæр: Батырадз йæхи бархъомысæй куы райса
туг Барсæгæй æмæ уый фæдыл хæрам куы хæссой нартмæ зæдтæ
æмæ бардуæгтæ...
Сагсур бамбæрста, Сырдон ын йæ сусæг катай кæй дзуры, стæй
йæм исты хъуыды æнхъæл кæй дзуры æмæ дзы фæбузныг, фæлæ
уынаффæтыл не схæцыд, — нынкъард æмæ тарæрфыгæй хъуыста
æхсæвы дунемæ. /Ецæг, бон цъæх кæнын куы райдыдта, уæд Сыр-
донæн афтæ зæгъы:
— Зын дын у ме ’фсымæр, фæлæ ды хъуамæ уым уай, нарты
’хсæн... Хабæрттæ хуыздæр зондзынæ, цы кæнгæ у, уый дæр се
’ппæты разæй дæ зонд æрцахсдзæн æмæ адæмæн æнцондæр уы-
дзæн... Ам æз ницы фыдбылыз æруадздзынæн... Мæ сабиты
ауынын мæ фæнды, лæппуйы тынг мысын, æндæра дæ нæ ныу-
уадзин. Бæрцæй æртæ боны... Лæппутæ дзæбæх адæм сты, ком-
мæгæс, æнæзивæг, фæлæ нырма сабитæ сты, æмæ афынæй вæй-
йынц... Иуы дæр дзы æхсæв мæ цуры нæ уадзын...
— Сагсур, æмæ мæныл дæ зæрдæ нæ дарыс? Сабиты æвджид
сæ бакæдзынæн? Ма тæрс, æз дæр сфаг уыдзынæн... Лæппутæ
æцæг хорз сывæллæттæ сты, фадат мын куы уаид, уæд сымахимæ
лæууин æмæ мæ уд дзæнæты нæууыл улæфид... Фæлæ мæм ахæм
рад не ’рхауд...
— Цы дын зæгъон, хорз лæг?.. Дунеты сагъæс дæхимæ ма ис...
Дæхæдæг мын куы дзырдтай: хур дæр не ’ххæссы дунетыл — хо-
хæн йæ цæсгом куы тавы, уæд йæ чъылдым та сигæ кæны... Ды
дæр нæ аххæсдзынæ се ’ппæтыл... Стæй уынаффæ кæн, фæлæ
хъуыддагта сæхи армæй кæнæнт, æнхъæлмæгæс сæ ма ахуыр кæн...
Науæд ды æнустæм нæ уыдзынæ... Алчи дæр, йæ бон цы у, уый
кæнæд, науæд раст нæ уыдзæн. Æз афтæ æмбарын нæ царды мæт...
— Хорз зæгъыс, ме ’фсымæр. Искæй бæсты мæн дæр нæ фæн-
ды хырхын. Фæлæ саби æмæ сылгоймагæн, зæрондæн йæ бои ба-
кæнын цы нæ у, уымæ мæ зæрдæ никуы фæлæудзæн... Уымæй-иу
мæ макуы рахъаст кæн...
— Хъаст, дæуæй?..
— Уый дын зæгъынмæ хъавыдтæн: искуы куы рæдийон, уæд-
иу мын æргом зæгъ дæ хъуыды... Кæддæр, чи зоны, дæуæй хуыз-
дæр арæхстæн хабæрттæ фæлгъауынмæ, фæлæ мыл ныр тых кæ-
нын райдыдтай. Ам бон-изæрмæ кæсыс дунемæ, хъуыдытæ кæныс
сæрибарæй æмæ мыл уымæн тых кæныс. Фæлæ мæнæ царды тыхс-
тытæ чысыл куы ’рсабыр уой, уæд мæн дæр ардæм хъæуы æмæ
фендзыстæм, кæддæра чи кæй амбула!..
413
— Хуыцау куы зæгьвд!.. — бæллы Сагсур, фæлæ йæ зоны, уый
фыны ’гъдауæй дæр никуы уыдзæн... Æмæ ма æнкъардæй йæ ныхас-
мæ афтыдта. — Цæуон æз, афон у, талынгтæм кæд ныххæццæ уаин.
— Бæх алас, ме ’фсымæр, кæд дын æй нал рауадза фæстæмæ
Фæрныг, уæддæр ницы кæны, æмхуызон уыдзыстæм: ды ардæм
фистæгæй, æз — уырдæм!..
— Хъыг куы уа мæ каисæн?
— Нæ, ме ’фсымæр, хъыг ын уыдзæн, ам æй куы ныууадзон,
уæд. Зæгъдзæн: ме сиахсы мын фистæгæй рарвыста, цыма мæм
уый хæстæгдæр у!.. Ма тæрс, фæстæмæ дæр дæ фистæгæй нæ
рарвитдзæн, хæссинæгтæ дæр ма дын суаргъ кæндзæн... Цу, фæн-
дараст фæу!.. Дæ зæрдæ мацæмæ ’хсайæд!..
Бурæфæрныджы фыййæуттæ иууылдæр кæд уыдысты сидзæр
лæппутæ. Иу сихорыл Сырдон фæхатыд, Цæлой æнæбары æууылд-
тытæ кæны йæ дзулы карст æмæ цæуылдæр сагъæсы аныгъуылд.
«Цы дæ гуыбынмæ ныхъхъуыстай?» — йæ куы афарста Сырдон,
уæд Цæлой фæкъæмдзæстыг:
— На, уый тыххæй куы ницы зæгъын, нæхимæ дæр мын хуыз-
дæйрагæй ницы вæййы... Гыццийæн тæригьæд кæнын: æхсырфæй
та йæ хуымы гæппæл ратон-ратон кæндзæни, йæ астæу та афонмæ
йе ’хсырфау ныкъкъæдз...
— Уый хорз лæппуйы бæрæг у, дæ мадæн кæй тæригъæд кæ-
ныс...
— Мур дæр ницы бæрæг у, йæхи буц кæны, цыма махæй мад
никæмæн ис кæнæ нын нæ хуымы гæбæзтæ нæ рухсы бадинаг
фыдтæ ракæрддзысты, — мæсты нымад ракодта Цæлойы æмбал.
— Уый та цæмæн зæгъыс, лæппу? — фæрсы Сырдон. — Æви
иууылдæр сидзæртæ стут, хæдзæртты уæхицæй куыстхъомдæр ничи
ис?..
— Мах дзы стæм æмæ мæнæ ам ныссагъдыстæм, — дзуапп та
радта мæсты лæппу æмæ йæ къæбæр фæстæмæ фæйнæгыл (фын-
джы бæсты сын уыди) æрæвæрдта. Сырдон æй бамбæрста: мæ
къæбæр мæ хъуыры нæ хизы, уый та йæхи æнкъардæй буц кæны!..
Сырдон дæр йæ хæрын фæуагъта æмæ сагъæсыл фæци: æз
сын сабитæ æнхъæл куы уыдтæн æмæ сæ афтæмæй алкæй зæрдæ
дæр, ас лæгау, царды мæтæй куы хъæрзы... Сæ сабийон цинтæ
дæр, æвæццæгæн, сæ фарсæй фæвæййынц. Рæзын сæ нæ бауадзы
сæ сидзæр царды катай, æмæ, дам, слæг у!..
— Лæппутæ, бахатыр мын кæнут, æз уын нæ хъазты хабæрттæ
куы дзырдтон, уæд мæ æрбайрох, куывд цæй тыххæй скодтам,
уый радзурын... Минас дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, хорз у, фæлæ
Сырдон хин лæг кæй у, уый фехъуыстаиккат, — Сырдон лæппу-
414
тыл йæ цæст ахаста, йæ мидбылты худгæйæ, æмæ уыдон дæр пыр-
рыччытæ систой, ома ай-ай фехъуыстам! — Уæдæ уæ куыд уырны,
æз мацы хин æрымысыдаин, уый?.. Хин та ахæм уыди: куывд
кæнæм хуымгæрдæны размæ хуыцаубон. Дыццæджы хуымтæ кæр-
дын райдайдзыстæм, фæлæ... фыццаг — сидзæргæс устыты хуым-
тæ! Не ’ппæт иумæ, æртæ бонмæ сæ куыд фæуæм карст æмæ мус-
тæм ласт, стæй сæ най сæхæдæг кæндзысты, сæ армы дзыхъхъы
сæ уæддæр æууæрддзысты!.. Ныр сымах иууылдæр, æихъæлдæн,
Фæсхъæуы лæппутæ стут, афтæ нæу?..
— Иууылдæр Фæсхъæуæй стæм, Æхсæртæггатæ дын фыййау
цæуынц, куыннæ стæй!.. — мæсты ныхас та æрбаппæрста Цæлойы
’мбал.
— Гъе, æмæ уæ хъуыддаг хорз! Фæсхъæуы ис иу æмæ ссæдз
сидзæргæсы. Се ’ппæты хуымтæ дæр карст ’мæ ласт фесты æртыц-
цæджы!.. Мæхæдæг дæр уым уыдтæн, иумæ карстам не ’ппæт дæр.
Гъе æмæ мауал тæрс Цæлой, дæ мад æхсырфау нæ ныкъкъæдз йæ
хуымы кæрон... Афонмæ най кæиы æмæ йæ мæт та дæуыл у: хъæ-
ды бирæгъ ма фæхæца мæ Цæлой сабийыл, йæ нывонд мæ сæр
фæуа!..
— Гъæтт, Сырдон, лæг дæ æмæ лæг! Хуыцауы ’мсæр лæг! —
Фестад Цæлой, сгæппытæ кодта, стæй йæ лæдзæг, йæ худ æмæ йæ
уæлæфтау фелвæста, Сырдоны цур сæ æрæвæрдта. — Æндæр мын
иицы ис æмæ дæу фонт! Мæнæ ма ацы корто сæр у æмæ ницæмæн
бæззы, фæлæ дæ къуыдырæн куы бахъæуа, уæддæр дæу уыдзæн!
- сгæппытæ та кодта Цæлой æмæ дæрдтыл æрзылд йæ къахы
фындзтыл. — Лæппутæ! Æмдзæгъд! Абонæй стырдæр цин мыл
никуы сæмбæлд æмæ — кафгæ! Ды уал тъиз, мæ лымæн лæг! Ды,
Борсæ — кæугæ, æз — Цæлой та — кафгæ! — Сырдон фæкаст мæ-
сты лæппумæ: Борсæйæн, æцæг, йæ цæссыгтæ ныггæр-гæр код-
той, фæлæ сæ нæ сæрфта. Æрæджиау сæ дыууæ тымбыл къухæй
æрсæрфта:
— Фесæф, куыдз, уый æз фырцинæй кæуын!.. Сбад дын зæ-
гъын, ды цæй кафын зоныс мæ цуры! — фестад æмæ уый дæр йæ
уæлæфтау феппæрста, йæ худ æрысчъил кодта æмæ уæздан сим-
ды бацыд, Цæлойы мæкъуыстæг, чызджы цонгау, ацахста. — Æм-
дзæгъд, лæппутæ!
Хæмæт æнæдзургæйæ систа йæ уадындз æмæ симды цагъд азæ-
лыд халагъуды раз. «Уый та кæцæй зоны? — дис кæны Сырдон. —
Æви ма ноджы бирæ цыдæртæ зоны, фæлæ сæ мæнæн ацæгъдын
нæ уæнды?..» Сырдон дæр сындæггай æмдзæгъд кæны æмæ хъу-
сы йæ зæрдæмæ: «Куыд чысыл хъæуы лæджы цинæн дæр æмæ
мастæн дæр... Раст у фыдæлты зонд: судзин зæрдæ ссардта, су-
415
дзин зæрдæ скъахта... Судзин алы лæгмæ дæр вæййы, фæлæ нæ
цыбыр зонд не ’рцахсы уымæй лæджы зæрдæ ссарын, къахынмæ
та — рæвдз, кæддæриддæр æмæ кæмдæриддæр!..»
Борсæ кафт фæци, атыхст Цæлойыл:
— Мауал мæм мæсты кæн, сыдæймард Цæлой, уæдæ ма кæуыл
срæйон мæ тыхсты рæстæджы?.. Сырдон, ды та мын, мад-фыды
гæдзæ ныккæн мæ къæйных бустæтæ. Нæ мыл æмбæлд, фæлæ
суæндыдтæн... Гыццийæ фехъуыстон: сывæллон æмæ куыдз зæр-
дæ зонынц!.. Уый бæрц сывæллон нал дæн, дыууадæс азы мыл
цæуы, фæлæ куыдз нырма дæн æмæ базыдтон ацы дыууæ боны —
хорз зæрдæ дын ис, фæлмæн æмæ æмбараг. Уырныдта мæ, бам-
бардзынæ мын мæ маст æмæ нымадтон: бафæрсдзæн мæ, радзур-
дзынæн ын мæ маст æмæ мын, чи зоны, исты зонд бацамона. Æз
дæр хин лæппу дæн, Сырдон, æргом дзурын нæ бауæндыдтæн,
фæлæ хинæй сархайдтон æмæ фæхорз!.. Науæд нын ацы цины
хабар, чи зоны, æппындæр нæ радзырдтаис... Хорз уацхæссæгмæ
лæвар æмбæлы, фæлæ мæ армы ницы ис, æцæг, гыццимæ уæр-
гъын нымæтхудаг ис æмæ дзы дæуæн хорз худ бауæрдын кæндзы-
нæн... Мæнæ Цæлойы загъдау, мæ сæр та дæу уыдзæн нырæй
фæстæмæ... Бæргæ дын истæмæн куы сбæззид, уæд мæхи амонд-
джын хæрæгыл нымаин!..
— Бузныг, мæ лæппу, бузныг!.. Фæрнæй дар дæ сæр, дæ гыц-
цийы фæндиаг!.. Фæлæ не ’нахъом æфсымæртæн сæ хуымы гæп-
пæлтæ кæй ракарстам, уым та диссагæй ницы ис. Иу нарт куы
стæм, нæ сæр бæрзæндты куы хæссæм нæ номæй, уæд кæрæдзи-
мæ фæкæсын бахъуыды бон цы диссаг у? Кæрæдзи бауарзын æмæ
бавæрынæн куы нæ уæм, уæд нарт дæр не стæм æмæ хæрæджы
дымæг дæр!.. Афтæ нæу, æццæй, Хæмæт?
Хæмæт йæ уадындз æрæвæрдта, фестад, йæ дарæс бадзæбæх-
тæ кодта æмæ тызмæгæй, бæзджын хъæлæсæй дзуры:
— Йед у, мæ мад-мæ фыды рухс цæсгомыстæн, æцæгæй афтæ у!..
Лæппутæ худæгæй бакъæцæл сты æмæ Сырдоны хъуыдыйы
ферттывта — йæ фыды фæзмы! — йæ уæлвæд уый дæр зæрдиагæй
ныххудт. Хæмæт бацин кодта, Сырдон ын йæ хъазт айста æмæ
фæтызмæгдæр:
— Ноджы ма худгæ кæнут, лукъафындзтæ?! Мæ фос мын æр-
дæг фæкодтат, уæхæдæг дзы кæй нæ фæкайттат, уый та бирæгъты
хъуыры ауагътат æмæ худут! Цы уын хъæуы, уый бæргæ зонын,
фæлæ Сырдонæн кувут! Нæ мæ уадзы!.. Æниу уый дæр цы йæ-
бон калы, йæхицæн иу фысы къæдзил нæй æмæ искæй фосыл цы
мæт кæна!.. Фесæф ды дæр!.. Хуамæт!.. Хæрынæй дарддæр дæ
ницæй мæт и! Худут, худут, — йæхи хъæлæсæй сдзырдта Хæмæт, —
416
æлдары кой хъæды чындæуы... Зонут æй, рæхджы не ’рбацæу-
дзæн æмæ цæуылнæ худат...
Сырдон рагæй нал худти ахæм зæрдиагæй, раст чысыл сабийау,
æмæ йæ цæсгомыл йæ армытъæпæнтæ æрхаста, цыма йæ цины
цæссыгтæ сæрфта:
— Ай диссаджы лæг куы дæ, Хæмæт, æмæ дæ куы нæ зыдтон, —
цин кæны Сырдон.
— Ам иунæгæй сфæлмæцæм æмæ уæдæ нæхи цæуыл аирхæф-
сæм?.. Мæ фыды уайдзæфтæй бæлвырддæр ницы зонын æмæ
æндæр кæй афæзмон?.. — йæхи рæстытæ кæны Хæмæт Сырдоны
раз, ома, чи зоны, зæгъа, дæ фыды цы мæстæй марыс.
— Иу зонды лæг афтæ загъта, Хæмæт: мæгуыр æмæ тыхст
лæджы чи бахудын кæна, уый Хуыцауы сконд лæг у... Аив фæз-
мын, — уый æрвон курдиат у... Дæу фæци уыцы курдиат æмæ
тæхудиаг дæ... Ма йæ бамбæхс, адæмы раз æй раргом кæн æмæ
сын сæ уд барæвдау. Галбузныг дæ уыдзысты иууылдæр!.. Цæй,
ныр та нæ фосмæ акæсæм, æндæра Фæрныджы уайдзæфтæ раст
куы разыной, уымæй тас у, — фестад Сырдон æмæ йæ лæдзæджы
’нцæйтты араст хъомвосы ’рдæм. Лæппутæ дæр фæпырх сты.
Æртыккаг бон изæрæй æрбахæццæ дарæнмæ Сагсур дæр. Дар-
дæй айхъуыста Хæмæты уадындзы цагъд æмæ йæ зæрдæ барухс:
Сырдон лæппуты барæвдыдта æмæ сæ зæрдæ нал æнкъард кæны
ацы иппæрд ран, се ’мбæлтты дардæй мысгæйæ!..
Куыйтæ срæйдтой æмæ азгъордтой Сагсуры размæ. Лæппутæй
иу та Сырдонмæ фæци хæрзæггурæггаг:
— О-о-ой, Сырдон! Ардæм рацу, Сагсур æрхæццæ!..
Сырдон куы ’рцыд халагъуды цурмæ, уæд æм Сагсур хыл рай-
дыдта:
— Хорз лæг, куыстытæ иууыл куы бакодтай, уæд ма мæ цæ-
мæн æрвыстай хъæумæ? Дзæгъæлы фæбадтæн æнæхъæн бон...
— Ау, æппын дзы ницыуал куыстаг аззад? — къахы йæ Борсæ.
— Цы ма дзы аззад? Дæ мад мын загъта: найгонд дæр, дам,
рæхджы фæуыдзынæн... Гъе, уый ма дзы аззад æмæ æз мæ сæрмæ
ахæм куыстытæ хæссын? Æви уæйыг кæй уыдтæн, уый мæ фе-
рох?..
— Ау, æмæ куыстытæ иууыл Сырдон бакодта? — ноджыдæр
фæрсы Борсæ æмæ лæппутæ пыррыччытæ райдыдтой.
— Сырдон та дзы цы бакодта, мур дæр ницы! Зиуы халонау,
адæмы куыстыл бафтыдта, йæхæдæг цæндыл сбадти!..
— Цæндыл нæ, мæнæ хохы цъупмæ ратахти, йæхицæн дуне-
йыл фæлгæсы æмæ ма кæйдæр куыстытæ дæр кæны!.. Хин лæг у
Сырдон!..
27 Сырлоиы цæссыгтæ
417
— Гъе æмæ хорз, — сразы Сагсур. — Мæнæ уæхи истæмæй
афсадут, афтид рифтæг нæ хастон уырдыгæй ардæм, æз та уæтæ-
рыл азилон.
Уæтæр уыцы ’хсæв дæр сабыр уыди. Сырдон Сагсуры нæ ба-
уагъта йемæ зилын фосы алфæмблай: ды фæллад дæ, æркув-æр-
кув кæныс, æмæ аулæф. Бонырдæм дæ райхъал кæндзынæн æмæ
ды — хорзæй баззай, æз — фæндараст!.. Сагсур æцæг тынг фæл-
лад уыди æмæ сразы. Сырдон иунæгæй зылди уæтæрыл æмæ йæхи
ирхæфста ницы-мацы хъуыдытæй... Райсомырдæм фæхатыд, ар-
вæй арæхдæр хауын райдыдта иугай стъалытæ: рахицæн вæййы
йæ бадæнæй, цæхæр калгæ ратæхы иу-цасдæр æмæ стæй ахуыс-
сы!.. Цæмæн хауы, кæдæм тырны, чи йын цы зоны?.. Мах дæр,
æвæдза, афтæ стæм... Рауай-бауай кæнæм нæ чысылæй фæстæмæ,
цыдæртæ аразæм, æмæ стæй аныгуылæм... Цæуыл уыд нæ катай,
нæ хъуырдухæн, цæй охыл хордтам нæхи дæр æмæ искæй дæр?..
Ничи йæ зоны, никæй æндавы... Нæхæдæг дæр ын бæлвырд ницы
зонæм... Асудз, арухс кæн иу уысммæ, стæй ахуысс!.. Чи зоны,
æмбæлгæ дæр афтæ кæны, цы бæрæг и?.. Уæдæ йæ бынаты æнус-
тæм батъузайы бадт чи кæны, ыссудзынæн дæр æмæ ахуыссынæн
дæр чи нæу, уый бæллиццагдæр у?.. Чи зоны... Фæлæ йæм æз нæ
бабæллин. Мæлæтæй дын ирвæзт нæй, уæд ма йыл цы хъынцъым
кæныс, фыртасæй цы ихсийыс? Цæр уæлæ уыцы стъалыйау, цæ-
хæртæ кал, стæй дæ кæм æрыййафа дæ афон, уым ныххорз уæд
дæ зынджы хай!.. Æнусмæ стъалы дæр нæ цæры...
Рухс талынгыл тых кæнын райдыдта æмæ Сырдон загъта: цæ-
уын хъæуы, сираг йæ фæллад суагъта, боны æнтæфмæ хъæдæй
ахиздзынæн æмæ стæй цæудзыстæм æнцад-æнцой... Райхъал код-
та Сагсуры æмæ йæ афарста, исты ныхас ма кæд æрвиты хæдзар-
мæ, бæх ифтыгъд у æмæ цæуын хъæуы. Сагсур фестад æмæ ра-
цыд Сырдоны фæдыл бæхы цурмæ. Уый хъуамæ сгæпп кодтаид
саргъмæ, фæлæ кæсы æмæ йын æгьдæнцойыл хæцы Хæмæт. Сырдо-
нæн иуæй æхсызгон уыд, иннæмæй та йын тæригъæд фæкодта, —
фæнды йæ сæхимæ, фæлæ йын фадат нæй!.. Мемæ йæ акæнин?..
Иннæтæ фæхъыг уыдзысты: фысымы лæппу, ууыл аудынц, мах
сын чи стæм!..
— Хъæумæ дæ фæнды мыййаг? — афарста Сырдон.
— На, цы мын дзы баззад, — æнтъыснæг худт бакодта Хæмæт.
— Уæдæ хорзæй баззайут! — йæхи нал басаста Сырдон, йæ зæр-
дæ суынгæг æмæ йæ бафæндыд тагъддæр аныгъуылын талынджы.
Иунæг у ацы лæппу дæр... Йæ мад кæмдæр дзыназы йæ хъæ-
булмæ, уый та ам фыййауæй тоны йæ бонтæ. Фыды кæнæ уымæ
не ’вдæлы, кæнæ та рæвдауын нæ зоны. Иунæджытæ стæм иууыл-
418
дæр!.. Алчи дæр фыццаг йæхи уды иунæг уыны, æндæра иннæтæ
дæр хуыздæр уавæры не сты... Кæрæдзи мæт бакæнынмæ та нæ
зонд не ’ххæссы... Сæрбос ма иу галы сыкъатæй иннæ галы сыкъа-
тæм æххæссы, нæ цыбыр зонд иу удæй иннæмæ баххæссынæн
нæу, афтæмæй нæхи зонды къуыбар æнхъæлæм... Мæ куыдз ным-
мæлæд ахæм зондыл!..
Мæсты скъæрд ракодта Сырдон Фæрныджы сираджы æмæ
хъæды дзыхæй ныххызт, уæддæр йæ цыд нæ фæсабыр, тындзы
тар хъæдæй ахизынмæ, йæ хъуыдыйы талынг быдырæй рухсы
уадздзагмæ раирвæзынмæ... Тындзы, фæлæ йын ницы æнтысы:
фæхицæн дзы вæййы уысммæ, стæй та йæ уайтагъд баййафы...
Фæсхъæуы сидзæргæстæ æцæг скодтой куывд. Сæхи муртæ
куы бафснайдтой, уæд фæхæлæф кодтой иннæ сыхæгты куысты-
тыл æмæ хуымты иу хоры ’фсир нал аззад, иу гага дзы не ’рызгъæлд.
Алчи дæр цин кодта: ис æм афæдзваг кæнæ фылдæр, æххормаг
азы тас афардæг, царды ныфс æрфидар адæмы зæрдæйы. Сосла-
ны чидæр амардта, йæ туг ын исын хъæуы, уый никæй æндæвта.
Бирæтæ ма цин дæр кодтой: фервæзтыстæм йæ фыдбылызæй!..
Йæ мæлæт стыр фыдбылыз расайынхъом кæй у, уый зыдтой æмæ
йыл тыхстысты æрмæст мыггæгты хистæртæ, стæй Алафарн, Ар-
мимаз, Сырдон æмæ Сугъары хуызæттæ, бархийæ адæмы бæрны
лæгтæ. Хуымæтæджы нæртон адæмы зæрдæйы уыцы маст нæма
уыд æмæ дзы нæдæр тæрсгæ кодтой, уæлдайдæр сылгоймæгтæ.
Иугæр ирвæзт сты сæ сабиты стонджы мæтæй, уæд сæм цæрын
зын нал каст, сабыр уыд сæ цинæмхиц хъуыды. Куывд дæр уымæн
кодтой: ницыуал нын у, нæ уды раззаг мæт ахауд æмæ бацин кæ-
нæм кæрæдзийыл дæр, чи нын сарæзта нæ къух, уыдоныл дæр!..
Сырдон цинзæрдæйæ цыди куывдмæ: уым уыдзæн Сидахъ æмæ
та йæ уд хурварс баддзæн сабийы уындæй. Арæх æм нæ цыди,
кæд ын Сырдон бар радта, уæддæр. Йæ мад ын амыдта: ма йæ
тыхсын кæн, уый удæфхæрд у, бирæ хабæрттыл хъуамæ аххæсса,
нæ йæ ’вдæлы... Сидахъ хъуыста ацы зондмæ æмæ-иу Сырдонтæм
куы бауад, уæддæр бонрæфты, Сырдон-иу уым куы нæ уыд, уæд.
Хъазыд-иу Фатакуйимæ, Фари та сын фысымиуæг кодта æмæ разы
уыдысты æртæйæ дæр.
Цинæвдылд уыди Фæсхъæуы сылгоймæгты куывд. Уыдысты
дзы хъæубæсты сылыстæг иууылдæр, нæ ахицæн кодтой сæхи си-
дзæргæстæй: иу у нæ царды зын, кæд уæ сæры хицæуттæ нал сты,
уæддæр махыл дæр хуыздæр бон нæй æмæ ма цы хицæнтæ кæ-
нæм!.. Кувæг дæр сын сылгоймаг уыди, дзырдарæхст зæронд ус.
Уый дæр сидзæргæсæй батыдта йæ бонтæ, цалынмæ йæ лæппутæ
нæ рахъомыл сты, уæдмæ, зыдта сидзæргæсы зын æмæ хъæуы
419
æрыгон сидзæргæстыл йæ арм æвæрдта, йæ бон цы уыд, уымæй.
Ныр хистæрæн бадт куывды æмæ Сырдон йæ арæхстыл дис код-
та: уæгъды фæдзурæм, сылгоймагæн йæ зонд цыбыр!.. Цыма нæм
Хуагомы зонд балцы фæндагæй даргьдæр у!.. Фынджы сæр куы
рабады, мыдамæст куывдтытæ куы рауадзы, уæд нæм зонды къуы-
бар фæзыны!.. Афтæмæй ацы зæронд усы зонды цур Хуагомы
дзырдарæхст рыг дæр нæ калы!.. Фæлæ уæддæр: сылгоймагæн
йæ дзыкку — даргъ!.. Хуагомæн та — йæ куывдтытæ... Зонд та —
уырзыйас!..
Сылгоймæгтæ уæлдай зæрдиаг арфæтæ фæкодтой Алафарни-
тæн, стæй сын балæвар кодтой фæйнæ тинтычъи уæлæфтауы: нæ
хъуыддæгты фæдыл зилут æмæ искуы хистæрты тæрхоны куы
бадат, уæд хъуамæ ацы уæлæфтаутæ уæ уæхсджытыл уой, нæ си-
дзæрты мæт уæ куыннæ рох кæна!.. Зонæм æй, уымæй уæ ноджы
мæт æмæ катайы æппарæм, фæлæ мах дæр цы кæнæм, кæуыл
бакъул кæнæм нæ иунæг сæртæ?..
Буц æмæ рæвдыдæй рацыдысты уыцы куывдæй æртæ ’мгары.
Сугъар сæ рахизын кодта суанг хъæуы кæронмæ, стæй фæхицæн-
тæ сты, алчи дæр йæ хæдзармæ ацыд.
Сырдон сындæггай исы йæ къæхтæ. Йæ уæнгтæ рог уыдысты,
йæ зæрдæ — рухс æмæ сабыр. Мæт æмæ катай батымбылтæ сты
кæмдæр зæрдæйы рæбын. Цин, æфсоны сæрыл лæуд цин та лен-
чытæ кодта зæрдæйы къуымты. Арвыл тæнæг урс фæлм айтыгъд
кæрæй кæронмæ æмæ мæйы дыдзы рухс нæ хæццæ кодта зæхмæ,
фæлæ талынг нæ уыди. Сырдоны цæст дардмæ дæр дзæбæх уыдта
йæ алыварс дуне. Йæ къæсмæ куы баввахс, уæд йæ размæ фæци
Фатакуй æмæ цыдæр æнахуыр хъæлæсæй фæхæпп кодта цалдæр
хатты, стæй йæ разæй араст фæстæмæ. Сырдон фæхъуыдыйыл:
цыдæр æрцыд мæ фæстæ хæдзары, фæлæ цы уа?.. Дзыхълæуд
фæкодта æмæ нымдзаст йæ къæсмæ: чидæр бады, Сырдон иу хатт
йæ кæртмæ цы стыр къæдзæхы фæзгъæр æрбатылдта Сагсуримæ,
уыцы бандоныл... Уæйгуытæ арæзт лæг!..
— Кæцы дæ уый?
— Æз дæн, Сырдон, фæлæ ды куыд æрæгмæ цæуыс дæ халагъуд-
мæ, æви хуынды фынгыл бадтæ зæдтæ-дауджыты уæле?..
— Гъæтт, хуыздæр фæуай, гъе! — базыдта Сырдон Батырадзы
хъæлæс. — Мæн чи нæ фæсайдта! — зæрдиагæй сцин кодта Сыр-
дон æмæ уазæджы къух райста дыууæ армæй. Рæвдаугæ хæст ыл
фæкодта иу-цасдæр, стæй уазæгмæ дзуры: — Цом мидæмæ, ныр-
тæккæ цырагъ асудзон...
Сырдоны хæдзар ныр ифтонг уыди Алафарны ’фсин æмæ
Фарийы фæрцы. Æмæ Сырдон зæрдиагæй æрхаста йæ фынгмæ,
420
цьт йаем уыд, уыдон. Акуывтой, анызтой æмæ стæй райдыдтой
ныхас — зыдтой йæ сæ дыууæ дæр, цыдæр ахсджиаг хабар æрцыд
æмæ йыл тæрхон хъæуы, хæрд æмæ нозты охыл не ’рхæццæ Ба-
тырадз уæлæрвтæй... Сырдон цин кодта Батырадзы æрцыдыл,
фæлæ йæ зæрдæйы рæбын та катай йæхи къултыл хоста — цыдæр
æнамонд хабар æрцыд, фарны уацхæссæг нæу æнафоны уазæг!..
— Сырдон, дæ зæрдæ дын цæмæй барухс кæнон, ахæм хаба-
рæй мæм ницы ис. Æцæг, Барсæджы уызынæй нæ туг райстон...
Нал ис, атылд, аныгуылд...
Сырдон тарæрфыгæй хъуыдыйыл фæци. Иу хорз дзы ис ацы
хабары: нарты хæстмæ цæуын нал хъæуы Барсæджы ныхмæ...
Фæлæ нæм бардуæгтæ нæ фæхъыздзысты?.. Батырадз махæй кæй
у, уый зонынц... Кæй сæ нæ нымайæм, уый дæр зонынц æмæ
мæсты кæнынц...
— Стæй ма ноджы — йæ сæрыл гæрæхтæ систой дуæгтæ авдæй...
Карды фындзæй мæ агуырдтой æмæ сæ æз дæр рацæфтæ код-
тон... Нал сты уыдон дæр — цы агуырдтой, уый ссардтой!.. Дзырд-
тои сын: æз æмæ Барсæджы ’хсæн хæрамы уæхи ма тъыссут, ныу-
уадзут мæ!.. Нæ фæчъил сты æмæ сын цы кæнон?..
— Уый æцæг æвзæр уац æрхастай, ме ’фсымæр... — Нынкъард
Сырдон. — Уыдон сæ хæс бафыстой, фæлæ цы зондыл лæуд сты
се ’мсæр бардуæгтæ та?..
— Хуыцаумæ бахастой сæ хъаст... Райсом уыдзæн Хуыцауы
тæрхон. Сæ фæнд сын базондзыстæм сом изæрмæ... Хорзæй дзы
ницы æнхъæл дæн, фæлæ дзы тæрсгæ дæр нæ кæнын... Кæд сæ
фидауын нæ фæнды, уæд хæсты быдырмæ — нæ фæндаг, цы мæ
ахæссой, уый-иу раппæлæнт!..
— Ницы дæ ахæсдзысты, уый мæ уырны, фæлæ ууыл банцай-
дзæн хæст?.. — саст хъæлæсæй нымайы Сырдон. Уый уыны ацы
хабары стыр фыдбылызы райдиан æмæ йæ миднымæр агуры исты
ирвæзæн хос.
— Бардуæгты æз бадомдзынæн, фæлæ тæрсын, сымахæн исты
фыдбылыз куы скæной... — æнкъард у Батырадзы хъуыды дæр. —
Мæ маст сымахæй куы исой?.. Алы низтæ уыл куы сыстын кæ-
ной... Фос æмæ уын хойраг куы нæ уал уадзой... Хъомрын, уарын-
тæ, хур... Тыхæй сæ бон цы нæ уа, уый хин æмæ кæлæнæй араз-
дзысты... Зонын сæ!..
— Тæрсын, хæстмæ куы рацæуой, уæддæр хинæй архайдзыс-
ты...
— Чи зоны, — сразы Батырадз, — фæлæ уым хин цы давы?..
Хæст тых æмæ хъæбатырæй у...
— Нæ, ме ’фсымæр, хинæй дæр у... Зонды тых дæр дзы хъæуы:
421
уæйгуытæ махæй тыхджындæр сты, фæлæ сæ зондæй ныббыр-
сæм, — йæ хъуыды йын куы айсид Батырадз, ууыл архайы Сырдон.
— Уый раст зæгъыс, фæлæ мæнæ зонды хицау дæр не сты...
— Хинтæ дæр уымæн кæндзысты... Зонды хицау хæстмæ нæ
тырнид, цирхъы фындзæй нæ агурид ном æмæ цæрыны фадат, —
ницæмæй рухс кæны Сырдоны зæрдæ. — Ды та хинтæ дæ сæрмæ
дæр не ’рхæсдзынæ. Уый дæр сын нымад уыдзæн...
— Уымæй дæр нæ тæрсын: ахæм ницы ’рымысдзысты æмæ йæ
мæ зонд ма ’рцахса,— зæгъы Батырадз, фæлæ уымæй Сырдоны
тас нæ айсæфт.
— Ме ’фсымæр, дæхи хуызæн раст лæгтыл ма нымай æрвон
адæмы, уыдон, æфсарм æмæ ном цы сты, уымæн ницы зонынц..
Рагæй сæм мæ хъус дарын... Зондджын фарсхæцæг сын куы фæуа
æмæ дæ исты хинæй куы фæсайой, уымæй тæрсын. — Нæ хъæр
кæны йæ тасы ратæдзæн Сырдон, фæлæ Батырадз хаты — цыдæр
рæстдзинад ис йæ ныхæсты, фæлæ цы?..
— Зондджын фарсхæцæг?... Цы дын æй æмбæхсон, мæ зæрдæ
ахæмæй æхсайы æрмæст Уастырджи æмæ Хуыцаумæ æмæ уыдон
та мæныл цæмæн хъуамæ рахæтой?.. Уастрыджиимæ хъæрмуд не
сты, тæхуды йæм кæнынц, зæххон адæм уымæн зæрдиагæй кæй
кувынц, уый сæм хъыг кæсы... Нæ, уый сæ фарс нæ уыдзæн...
Хуыцау та мæ фарс хъуамæ уа, йæ хъан дæн, йе ’нувыд кæстæр, —
тынг хъазуатæй дзуры Батырадз æмæ Сырдон нымайы: цымæ æцæг
æууæнды ацы ныхасыл?.. Уырны йæ! — алыг кодта Сырдон æмæ
нырхæндæг: сайдзæн æй ацы зонд!.. Хуыцауыл нæ фæдызæрдыг
уыдзæн æмæ фесæфдзæн лæппу! — æрдиаг кæны развæлгъау Сыр-
доны зæрдæ. Æууæнды Хуыцауыл, — уый та мæнгард у, бардуæг-
ты нæ рауæлдай кæндзæн, æмæ фесæфдзæн замманайы раст лæг!..
Йæ тыхы фæдыл цæудзæн æмæ йæ хинæй фæсайдзысты!..
— Фод дæ ныхас, ме ’фсымæр, Уастырджи дæ ныхмæ нæ уы-
дзæн, уый мæ уырны: фæдæн æз, йæ хъаст куы ’взæрстой, уæд
Хуыцауы галуаны, æмæ мæ уырны — уыцы фыдзæрдæ ницæййæг-
ты сæрыл нæ рахæцдзæн, фæлæ Хуыцау йæ хъаны сæрыл йе ’фсад,
йæ дауджыты цæмæн хъуамæ рауæлдай кæна, уый дзæбæх не ’мба-
рын...
Батырадз фæдис кодта, куыд бахауд Сырдон Хуыцауы галуан-
мæ, мæн куы нæ бауагътой сæ тæрхонмæ, уæд?..
— Хуынды уыдтæ уыцы тæрхонмæ æви дзы куыд фæдæ? —
рахъæр кодта йæ дисы сæр Батырадз æмæ Сырдоны цæсгом гæзæ-
мæ бахудызмæл.
— Хонгæ та мæ чи фæкодтаид, мæ кæстæр, фæлæ сусæгæй
фæдæн уым. Ис мæм ахæм миниуæг, мæ фыд бардуаджы фæрцы,
422
æмæ дзы уыдтæн. Кæд дæ фæнды, уæд дын сæ ныхæстæ дæр
рафæзмдзынæн...
— Дæ хорзæхæй, диссаг уаид, — бахатыд Батырадз, нæма йæ
уырныдта, Сырдон Хуыцауы галуаны фæци, уый.
— Иу зæд дзы уыди сæйраг дзурæг. Хъунцъау дæргьæлвæс,
уонгæй тæнæг арæзт, йæ хъæлæс — æргъæвст хъыбылы хъæлæс,
тæнтъихæг æмæ лыстæг. — Сырдон фестад æмæ йæхи сивæзта,
Батырадзы раз цыма æцæг уыцы зæд фестад, йæ базыртæ сцагъта
æмæ ивд хъæлæсæй райдыдта дзурын:
Хатыр, нæ номдзыд дауджытæ ’мсе зæдтæ!..
Нсе хурты хур, нæ буц хистæр, хатыр!..
Ды дæ нæ дарæг, не скаст дæ, нæ ныфс!..
Дæ цуры дзурын не ’мбæлы мæныл,
Фæлæ уæндын æмæ мын фод хатыр!..
Уæздан æхсин, нæ сылыстæджы фидыц!..
Батырадз ныппыррыкк кодта æхсины коймæ, фæлæ Сырдон
нæ ныууагъта зæды афтид ныхас æлвисын:
Уæлдай хатыр та курын æз дæуæй,
Дæ уындмæ ме ’взаг бандзыг и мæ комы!..
А-Уастырджи дæр ма фæуæд хæрам...
Нæ хуыздæртæн сæ зынгæдæртæй у,
Фæлæ... рæдийы!.. Гъе, æмæ нæ хæс, —
Нсе цыты зæдмæ бадзурæм йæ рæдыд...
— Бауырныдта мæ, бауырныдта мæ, Сырдон, раст дзырдтай!.. —
йæ худæджы цæссыгтæ сæрфы Батырадз æмæ дзуры. — Барсæги-
мæ куы рацæфтæ кодтам кæрæдзи, уæд ацы зæд дæр уым фæци
æмæ фæдисы азгъордта йе ’мбæлттæм. Се ’рбацыдмæ уызын цып-
пар дихæй лæууыди æмæ мыл зæдтæ сæхи ма ныццæвой!.. Ацæут,
зæгъын, фыдбылыз ма агурут, фæлæ нæ чъил кодтой æмæ сыл æз
дæр цирхъæй ралæууыдтæн. А дæргъындзæг лидзынмæ фæци æмæ
ма йын йæ фæстаг ныххафтон цирхъы фарсæй, тæрсæн цæф...
Фæтымбыл æмæ фæтарстæн, ма фæтæппæлæг уа уый дæр!.. Æр-
фæлдæхтон æй мæ къахы бырынкъæй йæ чъылдымыл, кæсын æмæ
йæ пæлæз ныллæхъир кодта, йæ цæстытæ цъынд, цæсгом фæлурс,
фæлæ сусæгæй улæфы, æфсон кæны... Загътон, ахæм куыдзмæ
йæ арм чи исы, ныууагътон æй, ацыдтæн мæ фæндагыл... Ныр
хъасты мæ ныхмæ фыццаг дзурæг, æвæццæгæн, уый уыдзæни...
Хорз у, æмæ мын æй афæзмыдтай...
— Батырадз, зæгъ мын æргом, сраст дæ кæндзæни Хуыцау?
— Раст мæ нæ рахондзæн, фæлæ мæ бынтон азимаг дæр не
скæндзæн... Барсæгимæ хæст мæ аххос нæ уыди, йæхæдæг рай-
423
дыдта загъд кæнын.. Гъе, æмæ æгæр куы ’ппæлыд йæхицæй — æз
нарты иууылдæр ныкъкъуыхтæ кæндзынæн! — уæд æм æз дæр мæ
арм систон... А иннæ зæдты цагъд мын нæ батайдзæн, фæлæ хъуа-
мæ фидыдыл банцайа хъуыддаг... Хуыцау нæ кæрæдзийыл сар-
дауа, уый мæ нæ уырны...
— Дæ фарн æй куы зæгъид!.. — сдзырдта Сырдон, фæлæ йæ
хъæлæсы уагыл бæрæг уыд: нæ йæ уырны, хъуыддаг фидыдыл
ахицæн уа, уый.
— Сырдон, мæ хистæр, — фестад Батырадз, — нæ мæ фæнды,
нæ хистæртæ ацы хабар базоной, уый. Сом уыдзæн Хуыцауы тæр-
хон... Цæуыл ахицæн уыдзæн, уый æз дæр дзæбæх нæ зонын, кæд
фидыды фæндонмæ æнхъæлмæ кæсын, уæддæр... Гъе, æмæ дæм
иннæбон райсом зындзынæн. Цыфæнды тæрхон ма уа, уæддæр дæм
фæзындзынæн æмæ нын цы кæнгæ у дарддæр, уый æрнымайдзыс-
тæм нæ дыууæ иумæ... Нæ фæнд цы уа, уый та нартæн дæр æргом
радзурдзыстæм... Развæлгъау сæ цы тæрсын кæнæм?.. Цæй, æз
цæуон, сæумæцъæхæй хъуамæ Хуыцауы галуаны балæууон...
— Цу, нæ дæ уромын, фæлæ цымæ æз дæр сусæгæй уыцы тæр-
хоны куы фæуин, уæд хуыздæр нæ уаид?.. — фæрсы Сырдон.
— Нæ, уый сæр дзы нæ хъæуы, — цæхгæр загъта Батырадз. —
Дауджытæй дæ исчи куы фена, уæд мæ маст дæр дæуæй исынмæ
æрхъавдзæн.
— Тæрсгæ мын кæныс? Дауджытæй? — Сырдон хин худт ба-
кодта. — Нæртон лæгыл дæр мæ куы нæ нымайыс, Батырадз, уæд
цæмæн? — чысыл фæхъыг Сырдон, фæлæ фылдæр Батырадзы
цæстмæ, кæд æй йæ тыхсты заманы ныфсæн агурид æмæ йын исты
ахъаз фæуаид. — Цом ахизын дæ кæнон, — къулы цурæй йæ лæ-
дзæг райста Сырдон æмæ Батырадзы разæй рахызт кæртмæ.
— Дарддæр мæ фæдыл цæуын нæ хъæуы, — зæгъы Батырадз.
— Мæ кæртæй цæуинаг нæ дæн æз дæр, фæлæ ма зæгъ, дауæг
ацы дурæй фидардæр уыдзæн?
— Уый дур нæ, хохы фæзгъæр куы у! Стæй йæ дауæгыл куыд
абарстæуа?
— Мæнæ афтæ! — хъæрæй сдзырдта Сырдон, бæрзонд фæхаста
Ардагъуйы лæдзæг æмæ дзы йæ тых йæ бонæй ныххафт кодта йæ
бадæн дур. Дур ныхъхъæрзыдта, хæрдмæ фæхауд, цыма йæ цып-
пæртыл фестади æмæ стæй дыууæ дихæй афæлдæхт фæйнæрдæм.
— Ард дæ макуы бацæуа! — сирвæзт Батырадзæй. — Ахæм цæф
дауджытæ, иумæ сæ куы бадон кæнай, уæддæр нæ бауромдзыс-
ты!.. Уæйгуытæй фæдæ æви?..
— Нæ фæдæн, фæлæ мын дауджытæй ма тæрс. Мæхи уды
тыххæй нæу мæ тасы сæр... Адæмы цæрын фæнды, кусын æмæ
424
цæрын... Уыдон та сæм мæлæтæй додой кæнынц... Сабитæ, сыл-
гоймæгтæ, фыййæуттæ, хуымгæнджытæ, кувæг адæм, тых æвза-
рын йæ фæсонæрхæджы дæр кæмæн нæй... Цы кæной уыдон?...
Куыд сæ бахизæм уæлæрвты хæрамæй?.. Гъе уый у мæ сагъæс, ме
’фсымæр, æндæр дауджытæй нæ тæрсын... Уымæ куы ’рцæуæм,
уæд дзы бирæты барвитдзынæн мæ разæй сау мæры хуылфмæ...
фæлæ адæмы сабитæ, ницыгæнæг адæм, царды чи ницыма федта,
уыдон цæмæн хъуамæ æвзарой дауджыты хæрам æмæ азар?..
Хуыцау дæр кæд Хуыцау у æмæ йæм, ды куыд æнхъæлыс, ахæм
зонд нс, уæд сын цæуылнæ зæгъы: ныууадзут мæгуыр адæмы...
Исчи уæ æфхæры, дыууæ æфхæрды йæ бакæнут, фæлæ иннæ адæ-
мы ныууадзут, сæ мæгуыр æмæ сын сæ тыхстытæ фагæй уæлдай-
дæр сты!.. — Сырдон йæ лæдзæджы ’нцой уырдыг ныллæууыд
æмæ мæстджынæй дзуры.
— Хуыцауы фæндтæн дæсны нæ дæн, мæ хистæр, фæлæ дау-
джытæй хорзмæ ницæмæ æнхъæлмæ кæсын... Хуыцау сæ цæуыл-
нæ иргъæвы?.. Нæ зонын, ме ’фсымæр, — бадзырдта Батырадз
Сырдонмæ æмæ тары аныгъуылд.
Уыцы ’хсæв та Сырдон уыдта йæ раздæры фыд фын... Бæстæ
уарыны сæх-сæхмæ хъæрзыдта, арты сыгъди... Адæм нæ, цъиу-
змæлæг дæр нæ уыд зæххыл, фæлæ Сырдон иунæгæй, сыджыты
сагъдæй лæууыди бæстастæу æмæ, йæ гом цæнгтæй арвмæ додой
кодта... Райхъал Сырдон сæумæцъæхæй æмæ йæ стын нæ фæн-
дыд, фæлæ йæ Фатакуй нал ныууагъта, рагæй нал ацыд йемæ
Арпаданы былмæ. Фæтæригъæд ын кодта Сырдон æмæ фестад,
ацыд Урсдзыхы фæдыл, фыццагау та дугъы уадысты, доны лен-
чытæ кодтой, кæрæдзи ныббырсынæй хъазыдысты æмæ Фатакуй
ницы фæхатыд йæ хицауы зæрдæхатты тæссаг æмæ катайагæй.
Сырдон йæхи барæй дардта æнцад-æнцойæ, фæлæ йæ хъуыды
зилахар кодта дунейы сæрмæ, агуырдта æххуыс æмæ ирвæзæн
амалтæ. Абон æй нæ фæндыд йе ’мгæрттæй искæуыл фембæлын
æмæ, райсомæй Фари куы ’рбацыд, уæд ын загъта:
— Мæ чызг, æз цæуын хъæдмæ, мæнæ Фатакуимæ æмæ изæр-
мæ не ’рбаздæхдзынæн. Дæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд. Ам, кæдмæ
дæ фæнда, уæдмæ у, стæй адым уæхимæ.
— Хорз, лæудзынæн, — нымдæй загъта Фари. Сырдон æмæ
Фатакуй ацыдысты.
Сырдоны йæ къах æвæндонæй бахаста Æлыгобаумæ, Кæрдо-
джын æрдузмæ. Фæбадти йæ бинонты цур, цыма сын хæрзбон
кодта, уыйау сыл йæ миднымæры фæузæлыд, стæй фæракæс-ба-
кæс кодта Кæрдоджыныл. Йæхинымæр бахъынцъым кодта: куыд
æнæрхъуыды дæн, ам дунейы фæллой куы ис, уæд куыд никуы
425
загьтон — нывæрон дзы зымæгмæ æмæ дзы мæ сабиты барæвдауон
зымæгон хъызтбонты?.. Цас цин уаид сабийæн зымæг кæрдо кæнæ
фæткъуыйы къуыбар йæ армы дзыхъхъы авæрын!.. Гъе, фæлæ
зымæгмæ фæлæудзысты?.. Стыр хъуырæутты сæ нывæр, сыгъ-
дæг змисæй сæ фæлтæргай-фæлтæргай æмбæрз æмæ хицæн кæн,
уæд, чи зоны, фæлæууиккой... Бафæлварын æй хъæуы, хъуырæут-
тæ мæм бирæ куы ис... Науæд хъуырауы хуызæн сби уистæй...
Цы йын уаид, хæдзары быд æй скæн, суанг йæ цъупмæ, стæй йæ
сфæлдах æмæ йын чъилтæ сараз уисæй... Хæдзар, æрмæст йæ
дзых хæрдмæ, йæ цъупп бынмæ... Диссаджы хорз уаид æвæдза!..
Зымæджы сабитæ иууылдæр мæнмæ цæуиккой, Алафарн та дис
кæнид — цыдæр хин та ’рымысыдтæ!.. Цæй хин, хуымæтæджы
агъуд. Саразын æй хъæудзæн, кæд ма зымæгмæ æвыдæй базза-
йæм, уæд... Æцæг, уый дыууæйыл у, фæлæ развæлгъау нæхи ны-
гæнæм, уый дæр цы лæгдзинад у?..
Талынгтæм фæзылдысты Сырдон æмæ Фатакуй сæ уарзон
бынæттыл. Фатакуй зæрдæрайæ згъордта Сырдоны разæй æмæ
цины хъыс-хъыс ирвæзт йæ хъуырæй, ног къуылдыммæ та-иу куы
схæццæ сты, уæд. Изæрырдæм уый дæр ныффæллад æмæ Сырдо-
ны фæдыл цæуæг сси. Сырдон дæр бафæллад æмæ хæдзармæ
сарæзта йæ ных. Талынг къæсы нæзы цырагъ ссыгъта, æмæ йæ
къуым барухс. Се ’хсæвæр цæттæ уыд æмæ Фатакуй йæхи сæф-
сæста, Сырдон дæр цыдæртæ аууылдта, уазал ронджы къус аныз-
та, — кæд афынæй уаин! — æмæ ныххуыссыд...
— Хæрзæхсæвтæ ныл цæуæнт, Урсдзых! — загъта йæ куыдзæн
æмæ цырагъ ахуыссын кодта. Хæрзæхсæв уа æви фыдбылызы
райдиан, уæддæр фынæй хъæуы...
Сæумæцъæхæй та Сырдон ацыд Арпаданы былмæ. Фæззыгон
дон ирд æмæ уазал, йæ уæнгтæ йын фæрог кодта, фæлæ йын йæ
катай нæ айста. Йæ буар куыд асур райсомы хурмæ, мæ уæлæф-
тау æрбакæнон куыд загъта, афтæ йæм фæстейæ æрбадзырдæуыд:
— Дæ райсом хорз, нæртон лæг! — Батырадзы хъæлæс ын цы
зонын хъуыд, Урсдзых дæр ыл нал рæйы, хион у, уый базыдта...
— Хæрзрайсом у, уæларвон бæгъатыр! — йæ цæст ыл æрхаста
Сырдон æмæ йæ уæлæфтау йе уæхсчытыл баппæрста.
— Тагъд кæнын, Сырдон, æмæ ам аныхас кæнæм, хæдзармæ
дын нæ ацæудзынæн.
— Хорз, ам хибар у, ничи нæ бахъыгдардзæн, — сразы Сырдон.
— Фидыдыл цыма ныллæууыдыстæм, фæлæ хæрамы фидыд
кæсымæнмæ...
— Ома уый та куыд — хæрамы фидыд? — нæ бамбæрста Сыр-
дон, æмæ фæдисыл.
426
— Бардуæгтæ загьтой: не ’мсæр нæу æмæ дзы фидыд нæй.
Æрмæст кæд хъæбысæй хæсты нæ тыхджындæрты абырса, уæд
æй схондзыстæм не ’мсæр æмæ бафидаудзыстæм. Кæд фæбынæй
уа, уæд фæлидзæд йæ фыдыуæзæгмæ æмæ нын кувæд иннæ адæ-
мау. Нарт абонæй фæстæмæ не ’мгуывд нал сты, мачиуал цæуæд
сæ тæфтыл, Хуыцау æмæ йæ бардуæгтæн кувæг куы нæ уой, уæд
нын не знæгтау, цæгъдгæ сты!.. Уæд цæрыны адæм не сты æмæ
хъуамæ цагъд æрцæуой!.. Тызмæг уыд сæ ныхас... Барон адæм
кæй не сты, уый бæрæг у... Тыхæй сæ бон цы нæ уа, уый хинæй
кæй кæндзысты, уый дæр дызæрдыггаг нæу... Раст дзырдтай —
хин æмæ кæлæн сты!.. Хъæбысæй хæцынæн кæд равзæрстой Хизы
сыгъд быдыр!.. Дунейæ иппæрд, доны цъыртт дзы нæй, нæртон
лæг уырдæм нæ фæхæццæ уыдзæн мæймæ дæр, нæ тыхæвзарæн та
иннæбонмæ у!.. Зонынц æй, ничи мæ абырсдзæн уыдонæй æмæ сын
сæ худинаг куыд ничи фена!.. Зонынц æй, куы стæвд вæййын хæс-
ты заманы, уæд дойныгæнаг дæн æмæ уым та донæн йæ кой дæр
нæй!.. Барæй равзæрстой уыцы быдыр!.. Хин æмæ мæнгард сты!..
Сырдон иуцасдæр фæхъуыды кодта, стæй афтæ зæгъы:
— Ме ’фсымæр, дæ зæрдæ мыл ма фæхудæд, фæлæ ма дзы æз
иу хин уынын... Мæ нымадæй, уыдон хъæбысæй хæстмæ нæ, æцæг
хæстмæ рацæудзысты... Ды сыл æууæндыс æмæ сæ разы лæудзы-
нæ афтид армæй, уыдон та дæ уæлхъус балæудзысты хæстæввон-
гæй, цæмæй фервæзой, — «амарой» зæгъын йæ цæст нæ бауарзта
Сырдонæн.
— Мæн хинæй бавæрын ис сæ зæрды? — ныссагъæс кодта Ба-
тырадз.
— Мæнмæ афтæ кæсы. Уый нæй, уæд цавæр хъæбысæй хæст
у, кæй дын ницы ракæндзысты, уый хорз куы зонынц?.. Æдылы
нæ, хин сты!.. Быдырæн дæр йæ дард барæй равзæрстой. Худина-
гæй нæ, нарты фæсивæд дын фарсхæцæг куы фæуой, уымæй тæр-
сынц... Сайгæ дæ кæнынц æнæдон ранмæ... Уый марыны фæнд у,
ме ’фсымæр, æмæ сæм уæгъды байхъуыстай... Цу, æмæ зæгъ Хуы-
цауæн: кæд хæцæм, уæд нæртон адæмы раз, уыдон дæр куыд зо-
ной сæ хабар — куы мыл фæтых уой бардуæгтæ, уæд уыдон дæр
фæбынæй сты æмæ хъуамæ басæттой, нырæй фæстæмæ зæдтæ-
дауджытæн кувæг кæй уыдзысты, се ’мсæр кæй нал сты, ууыл...
Æндæр гæнæн дзы нæй, сайгæ дæ кæнынц!.. — тызмæгæй уынаф-
фæ кæны Сырдон.
— Нæй, Сырдон, мæ мæлæт дзы кæд ис, уæддæр фæстæмæ
здæхгæ нæу, нæ дæр Хуыцаумæ бахъаст кæндзынæн... Уым уыдис
æмæ йæ нæ зыдта, сайдæй мыл кæй цæуынц?.. Сæ фæнд сын
раздæр ма зыдтаид, уый дæр мæ нæ уырны... Хæстæввонг у! —
427
кæй загьтай, уымæй бузныг, уый исын. Мæ гæрзтæ мæ цуры уы-
дзысты æмæ тыхы раз афтид арм нæ уыдзынæн... Мæ гæрзтæ
æдзух дæр мемæ кæй хæссын, уый дæр зонынц. Стæй мыл, кæд
сфæнд кодтой, уæд хъазтмæ æд гæрзтæ фæзындзысты. Гæрæхтæ
æмæ цъыччытæй райдайдзæн æвиппайды нæ хъæбысæй хæст, мæн
æдзæттæйæ баййафын æнхъæл...
— Ме ’фсымæр, Хизы быдырмæ нартон адæмæй иннæбонмæ
чи фæхæццæ уыдзæн, уый иунæг æз дæн, Гæтæджы фырт Сыр-
дон, дæ фыды мадызæнæг... Нæ мады зæнæгæн ды фæстаг туги-
сæг кæй дæ, уый зоныс. Дæ тыхсты заманы мæныл дæ цуры уæвын
кæй æмбæлы, уый дæр зоныс... Зæдтæ-дауджыты раз мæ сæр кæй
не ’ркъул кæндзынæн тæсмæ, уый дæр хатыс... Иу дзырдæй, æз
хъуамæ дæ цуры уон дæ хæсты бон, æмбарыс мын мæ фæндон?..
— Æмбарын æй, Сырдон... Тыхджын æмæ ныфсхаст кæй дæ,
уый дæр зонын. Мæ хæсты бон мын стыр ахъаз кæй уаис, уый
дæр æнæмæнг у... Мæ фарсмæ уæвын кæй у дæ хæс, ууыл дæр
разы дæн... Фæлæ ма дзы иу нымад ис...
— Цы нымад ма у?.— цымыдисæй фæрсы Сырдон.
— Иунæгæй мæ бон цы нæ бауа хæсты быдыры, уый дыууæйæ
дæр нæ бакæндзыстæм. Нæртон дзыллæ нæ фарсмæ куы балæу-
уиккой, уæддæр нæ хæст нæ фæрæстмæ уаид... Раст куы зæгъон,
уæд мæхи тæхудиагыл нымаин, кæд дæ нырмæ нæ зыдтон, уæд-
дæр мæ тохы бон æмæ мæ мæлæты афон ды мæ фарсмæ куы уаис,
уæд. Гъе, фæлæ нæ дыууæ иу бон амæлдзыстæм, уымæй цы рам-
булдзæн нæртон дзыллæ?.. Нал ын уыдзæн иунæг тыхджын сæ-
рылхæцæг дæр, иунæг зондджын уынаффæгæнæг дæр... Уый дын
йæ пайда нæ иу боны мæлæтæн... Кæд мæ мæлæты бон æцæг æр-
хæццæ, уæд мæ ды нал байсдзынæ мæлæтæй, æрмæст ма дæхи
сæр дæр байсафдзынæ... Мæнæн уый фæндиаг нæу!.. Тæригъæд
сты нæртон дзыллæ... Уæд сæ фыдбылыз мæ мæлæты бон райдай-
дзæн æмæ чи фæлæудзæн сæ уæлхъус, чи сын бакæндзæн ныфсы
уынаффæ?.. Чи айсдзæн йæхимæ сæ фыдбылызы азар, дауджыты
фыдæх?.. Мæ нымадæй, иунæг Сырдон, зонд æмæ армæй хин
æмæ тыхджын Сырдон! Йæ иунæг сæр уынгæджы кæмæн фæуы-
дзæн, уыцы Сырдон... Уæд ма дæхи æлгъитдзынæ, — цæуылнæ
амардтæн Батырадзы фарсмæ, æнцондæр мын уыдаид! — фæлæ
уымæй не сцух уыдзæн дæ хъизæмар... Тæригъæды охыл нæ, хъи-
зæмарæн дæ уадзын мæ фæстæ. Æниу фендзыстæм, бæрæг нæу —
чи кæй абырсдзæн!.. Кæд мыл нæ рахæта, хъаны уарзт кæй код-
тон зноны онг, уæд мын ницы ракæндзысты. Уæд, цы хъизæмары
кой кæнын, уый нын иумæйаг уыдзæн... Кæд мæ рад æрцыд, уæд
дунейы хъизæмар дæ уаргъы баст фæци, ме ’фсымæр, æмæ йыл
428
хъæц, æмæ йын фæраз!.. Дыууæ-æртæ боны фæстæ дæм кæд нæ
фæзынон, уæд-иу æй зон — иунæгæй баззадтæ, Сырдон, мæнæй
дын æххуысы лæг нал ис æмæ фидар лæуу!.. Æндæр дын цы ныфс
бавæрон?.. Цæй, хæрзбон у, ме ’фсымæр!.. Мæ фæстæ ма нæртон
дзыллæ искуы йæ хъизæмарæй кæд сцух уа, уæд-иу мын мæ ном
æрымыс... Хæрзбон, æз ацыдтæн мæ хæцæн быдырмæ...
— Фæндараст дæ фæкæнæд нæртон дзыллæйы фарн!.. — уын-
гæг хъæлæсæй ма сфæрæзта Сырдон æмæ йæ цæссыгтæ æваст
цыхцыр ныллæууыдысты.
* * *
Сырдонмæ иу абонæй иннæ абонмæ ничиуал æрцыд уæлар-
вæй. Базыдта йæ иунæджы бон, базыдта — нал ис Батырадз, ра-
лæууыд нæртон дзыллæйы рад, ныр та уыдон æвзардзысты зæд-
ты-дауджыты æмæ Хуыцауы азар; базыдта — нæртон дзыллæ æр-
цыд фæстаг алвæндагмæ: кæнæ сæфт æрвон тыхджынты къухæй,
кæнæ кувæг-лæгъстæгæнæгæй цæрын тъымы-тъымамæ!.. Равзарид
бæргæ мæлæт йæхи удæн, фæлæ ам нæртон дзыллæйы фæндиаг у
сæйраджы нымаинаг — цы равзардзысты уыдон: мæлæт æви цард?..
/Емæ кæй бафæрса, куыд базона нæртон дзыллæйы фæндиаг? Куыд
сæ бахиза æнусон хъизæмарæй ацы хæрам дунейы?..
Ницы зоны йæ сæрæн сырдон æмæ йæ хъизæмайраг хъуыды
хъуамæ фæхæсса дзыллæмæ, фыццаджы та йæ уарзон æмгæрт-
тæм —Алафарн, Армимаз, Сагсур æмæ Сугъармæ... Хуыздæр ницы
æрцыд йæ хъуыдымæ æмæ иу райсом раджы Сырдон йæ ног
уæлæфтауы балæууыд Армимазы куырдадзы дуармæ.
Армимазмæ худæг фæкаст, Сыроны ног уæлæфтауы куы фед-
та, уæд: цы йыл æрцыд æви та хынджылæг кæны?..
— Лæппу, — барджыны уайдзæф кæны Армимаз, — уыцы
уæлæфтауы дæхи цы стыхтай, хъазтмæ рацыдтæ æви Уырызмæ-
джы Ныхасы тæрхоны баддзынæ?..
— Уырызмæджы Ныхасæн нæ зонын, фæлæ цыма дæ ныхасы
тæрхон саразын бахъæудзæн, — сабыр, фæлæ æнкъард хъæлæсæй
бадзырдта Сырдон йе ’мгармæ. Армимаз æм фемдзаст: Сырдоны
цæстыты цыдæр æрхæндæг, рагуалдзæджы мигъау, ныллæг æр-
бадт æмæ ныммæстæг, цыма йæ хуры цæст никуыуал сисдзæн,
афтæ фæкаст Армимазмæ æмæ уымæн дæр йæ цæсгом фæтар —
цыдæр фыдбылыз æрцыд!.. Ницыуал сдзырдта Армимаз, фæлæ
йæ кусæнгæрзтæ сæ бынæтты æрæвæрдта, йæ армытъæпæнтæ
фæсмыны гæбазæй асæрфта æвзалыты нымæг цæхæры раз æр-
тыкъахыг бандоныл æрбадт:
429
— Рацу, æрбад æмæ дæм хъусын... Хорз уац кæй не ’рбахас-
тай, уый уынын, — дæ цæсгомыл, бæхы дамгъæйау, бæрæг у...
Сырдон дæр æрбадт, фæлæ уыцы афон дуарæй æрбакаст Ала-
фарны лæппу, Армимазы куынцдымæг æмæ йæм Сырдон бадзырдта
лæгъз хъæлæсæй:
— Цу-ма, мæ лæппу, Алафарнæн зæгъ, дзурынц, зæгъ, дæм
Армимазы куырдадзмæ, æрмæст, зæгъ, фæстиат ма кæн, афоныл,
зæгъ, рацу...
Лæппу фæцæуæг, «уæ райсом хорз» зæгъын дæр ын нал бан-
тыст. Сырдон йæ фæдыл фæкаст иудзæвгар, стæй афтæ бакодта:
— Хорз лæппу дын рæзы... Æхсын æй кæй сахуыр кодтай фа-
тæй, уымæй дæр хорз бакодтай... Ацы бирæгъты дуджы лæг тых-
гæнæджы зондæй нæ басæтдзæн. Цæв ыл фат, дар æм цирхъы
фындз æмæ дзы дæхи дард лас!.. Æндæр бон дыл нæй æмæ дæхи
хиз, бирæгъты дуг у!.. — йæхицæн дзурæгау нымайы Сырдон.
Армимаз дис кæны, цы йыл æрцыд, афтæ куы никуы риуыгътытæ
кодта?.. Цæй, Алафарн куы ’рбацæуа, уæд йæхæдæг хабар кæн-
дзæн, фæлæ цы ’рцыдаид ахæмæй?..
Алафарн дæр арфæ куы ракодта, уæд Сырдоны ног уæлæфтау-
мæ нымдзаст: уый та циу, нырмæ йыл ног дарæс куы никуы федтон?
— Цы мæм нымдзаст дæ, Алафарн, абон махæн тæрхоны бон у
æмæ нын ацы уæлæфтаутæ та уымæн куы радтой: тæрхоны рæс-
тæджы сæ уе уæхскæй дæлæмæ ма исут, нæ сидзæрты мæт уæ
зæрдыл куыд лæууа!.. Скæнут уæ дыууæ дæр уæ урс уæлæфтау-
тæ æмæ нæртон дзыллæйы сидзæрты мæт бакæнæм... Ныр иууыл-
дæр сидзæртæ стæм... Нал ис Батырадз!.. — тыххæй аныхъуырдта
Сырдон йæ цæссыгтæ. — Нал ис... Фæмард зæдтæ-дауджытимæ
хæсты... Барсæджы амардта, æмæ уый адыл уымæн хæст расид-
тысты... Амардтой йæ хинæй... Сæхæдæгдæр æвыд кæм баззадаик-
кой... Ныр у, æмæ уый рухсаг уæд, фæлæ мах цы кæнæм?.. Баты-
радз йæ хæсты размæ æрцыд мæнмæ æмæ радзырдта: Хуыцауы
раз тæрхоны бардуæгтæ загътой — нæртон дзыллæ цæгьдинаг у,
сæхи не ’мсæр кæнынц æмæ сын барæн нал ис... Цæрын сæ фæн-
ды, уæд нын кувæнт, лæгъстæ кæнæнт!.. Уый нæй, уæд — цæгъд-
гæ: кæнæ — мах, кæнæ — уыдон!.. Æмсæртæ-йедтæ дзы нал ис!..
Сæ хæрам фæндиаг цы хуызы кæндзысты, уый нæ зонын: æргом
хæстмæ рацæудзысты æви ныл фыд рæстæг скæндзæн — нæ хуымтæ
нын фесафдзысты, нæ фос сыскъуындзысты æмæ нæхæдæг сы-
дæй фæцагъды уыдзыстæм... Исты тæрхон хъæуы... Фыдбылыз
нæуæлкъæсæр æрбалæууыд æмæ — истытæрхон... Цалынмæ адæм
дывæнд æмæ адзалы тасæй нæ рафтыдысты, уæдмæ — исты тæр-
хон... Уырызмæджы Ныхасы кæй ницы уыдзæн рæстæймагæй,
430
уый зонут... Абон нæртон дзыллæйы æцæг Ныхас мæнæ ацы куыр-
дадз у æмæ — исты тæрхон!..
Цы хъуамæ загътаиккой Алафарн æмæ Армимаз?.. Уæларв
кæфхъуындар сæм комхæлиуæй кæй лæууы, уый бæрæг у, фæлæ
цы кæнгæ у, куыд дзы фервæзой?.. Бирæ фæкатайтæ кодтой алчи
йæ миднымæр, фæлæ ницы бæрæг тæрхон уыди сæ иумæ дæр. Цы
алвæндаджы раз балæууыдысты, уый хъуыдыйæн æвзарыны фа-
дат нæ лæвæрдта: иуырдæм цæуай — сæры сæфт, иннæ къахвæ-
дыл фæраст уай — тъымы-тъымамæ сæрныллæгæй цæрдтæй мæрд-
ты ’хсæн утæхсæн кæн!.. Цы загъдæуа адæмæн... Искуы æлгъыс-
таг куы фæуой сæ тæрхон дæр æмæ сæ ном дæр!..
— Ницы мæ сæрæн зонын, фæлæ уал адæмы бафæрсын хъæуы...
Сæхæдæг равзарæнт сæ фидæны фæндаг...
— Уый у, Армимаз, фæлæ мæн мæ сабитæ куы фæрсой, цы
равзарæм, уæд сын куыд зæгъон — уæхæдæг равзарут?.. Раст у,
искæй цард æмæ мæлæты ’хсæн балæууын мæ бон нæу, фæлæ мæ
куы фæрсой, фарсты та æнæмæнг уыдзыстæм — уæд цы зæгъдзы-
нæн, уый хъуамæ зонон... Уый нæй, уæд нæ тæрхон дæр ницы
æмæ нæхæдæг дæр...
— Абон, цы стæм, уый æвзарыны рæстæг нал ис. Нæ тæрхон
дæр нæхицæй хуыдзæр нæ уыдзæн, фæлæ хъуамæ уа... Иу фæн-
даг равзарын хъæуы: хæрзæбоны фæндаг нал и, фæлæ уæддæр
равзарын хъæуы фыдвæндæгтæй иу... Æндæр дзы ницы амал
уынын, — тызмæгæй дзуры Сырдон, фæлæ йæхæдæг дæр нæма
зоны, цы фыдвæндаг равзарын хъæуы?..
— Мæ зæрдæ мæм дзуры, — сындæггай райдыдта Алафарн. — Нæ
фыдбылыз дауджыты зондæй нæ рацыд, сæ хицауы зондæй уыдаид.
Уымæн та йæ фыццаг нысан йæ тыхджын хъанæй фервæзын уыда-
ид... Ныр иугæр Батырадз нал ис, уæд Хуыцау нымайдзæн: нартæн сæ
ныфс нал ис, æргом хæсты сæ зæдтæ-дауджытæ абырсдзысты... Уæд
дауджыты фæндиаг сæххæст уыдзæн æмæ дуне æрсабыр... Бардуæг-
ты дæлбар ныгъуылдæй цæрыныл чи сразы уа, уыдон фæцæгъдын æй
не сфæнддзæн... Фæлæ ма уыдонмæ ноджы исты тæрхон уыдзæн.
Ахæм тæрхон кæд уа, уæд нæм бæрæг дæр хъуамæ уа... Гъе, æмæ нæ
бæрæг куы зонæм, уæд нын æнцондæр уыдзæн фæндаг равзарын...
— Уыдæттæ раст нымайыс, — йæ дзырд ын айста Сырдон.
— Иугæр Батырадзы баныгæдта, уæд дзы нал тæрсы... Нарт,
кæд хæстмондаг æмæ хæстхъом адæм сты, уæддæр арвæн ницы-
уал сæ бон у. Сæрныллæг адæмы сыскъуынын та уый нæ фæнд
кæндзæн. Сæ тæрхон дæр нын хъусын кæндзысты... Фæлæ дзы,
мæ зондæй, ног ницы уыдзæн: коммæгæс кæнæ мæлæт!.. Цалын-
мæ бæрæг уа уæларвæй, уæдмæ нæртон дзыллæйы тас бауадзын
431
нæ хъæуы, фæлæ уæдмæ дæр нæ зонд иу куы уаид, уый мæ фæн-
ды... Хабар куы фехъусой адæм, уæд дыууæ дихы кæй фæуыдзыс-
т-ы, уый уынын: иутæ уæддæр цæрыны фæнд равзардзысты —
Хуагомы зондыл лæуд адæм нырмæ дæр сæргуыбырæй куывтой
бардугтæн æмæ цардысты, худинаг сæм нæ каст. Ныр хæцыныл
ныллæудзысты?.. Цы хæрзиуæджы охыл?.. Фæлæ Уырызмæджы
зондыл хæст чи у, уыдон æнусты дæргъы се ’мсæрыл кæй нымад-
той, нæмгæ дæр-иу кæй ракодтой, хынджылæг кæмæй скъæрдтой,
уыцы дауджыты раз сæргуыбырæй цæрыныл сразы уыдзысты?..
Никуы!.. Адæм схæццæ-мæццæ уыдзысты æмæ, чи зоны, кæрæ-
дзимæ дæр фæуой... Иуты хондзысты нæ сафджытæ, иннæты —
нæ худинаггæнджытæ... Дыууæты ’хсæн мах уыдзыстæм тæрхо-
ны лæгтæ æмæ развæлгъау хъуамæ исты фæндыл лæуд уæм.
— Сырдон, мæлæт æмæ царды ’хсæн цы чысыл уадздзаг ис,
æрдуйы хидау, ууыл лæууæм ныртæккæ æмæ æвиппайды ницы
фæндыл ныххæцдзыстæм... Кæнæм уал не ’рвылбоны кусинæгтæ
æмæ ныккæсæм нæ зæрдæйы рæбынтæм... Равзарæм нæхи чысыл
зондæй иу нысан, стæй йыл ногæй æртæрхон кæнæм... Уæдмæ
нæм кæд исты бæрæг уаид уæллаг дунейæ дæр... Гъе уæд равзар-
дзыстæм бæстон иу фæндаг æмæ, кæд исчи цæуинаг уа немæ, уæд
уыдон дæр акæндзыстæм... Хуыздæр фæнд ницы ахсы мæ зонд
æмæ цы кæнон.
Сырдон бамбæрста, ацы лæгтæй æндæр ницы радомæн ис.
Цæуын хъæуы, уадз æмæ сагъæс кæной. Иу барстæй ам ницы
скæрдæн ис æцæгдæр. Мæхицæн дæр фæуыдзæн бæстон рабар-
бабар æмæ хъуыды кæныны фадат.
— Цæй, хорзæй уал баззайут! — фестад Сырдон. — Цæуон æмæ
æз дæр бæстон æрнымайон...
* * *
Сырдон ацы хатт ницы сдзырдта Фатакуймæ æмæ уый дæр
нырхæндæг. Йæ дымæг зæхмæ æрзæбул, афтæмæй ацыд æмæ
кæрты фæстæ хæмпæлты рæбын ныххуыссыд: Сырдоныл цыдæр
æрцыд æмæ йæм сдзырд нæй, ауадзон æй йæхи бар... Æрмæст
уырдыгæй йæ цæст дардта йæ хицаумæ æмæ федта: Сырдон йæ
зæронд уæлæфтауы йæхи æрбатыгъта, йе стыр лæдзæг райста æмæ,
зæронд лæгау, сæргуыбырæй араст Арпаданы атагъамæ. Дардыл
быдыр уыди, йæ кæрон бæрзонд фæцыдысты хæрис бæлæстæ, сæ
дæлейæ донбылмæ æввахс — фæрвыты уадздзаг... Рæсугьд бынат
уыд, хорз æй зыдта Фатакуй, фæлæ йæ иугæр Сырдон йемæ нæ
кæны, уæд цæуæн нæй æмæ цы кæна!..
432
Сырдон цыди сындæггай, тызмæг æмæ æрхæндæгæй. Йæ цæсты-
тæ цыма ницы уыдаой, æрмæст кæрдæджы цьæх æмæ фæндаджы
гæмæх иуæй-иу рæтты. Йæ алыварс бæстæ хуры атылд, фæззыгон
ирд æмæ хъæрмуст бонтæ райдыдтой æмæ рæвдыдтой зæххон цæрæ-
гойты, фæлæ йæ нæ уьщгой Сырдоны цæстытæ. Йæ сæрмæ арв —
ирд æмæ рухсдзыд, тæнæг цъæх йæ кæрæттæ, бæзджын цъæх — йæ
къуырф, фæлæ йæм Сырдоны цæст скæсын дæр нæ уарзы — фыл-
дæр-фылдæры фыдбылызтæ уырдыгæй ивылынц ацы дунейыл!..
Цæуы Сырдон нæртон зæххыл, уыны æрмæст, йæ уæззау лæдзæд-
жы бырынкъ куыд фæныхдзæф кæны быдыры царм æмæ та йæ
кæрдæджытæ куыд амбæрзынц, йæ хъуыды та зилахар кæны дæрд-
тыл, хиты уæларвæй зæххы астæу, фæлæ дзы иу ныфсы рухс никуы
ары æмæ та æртæхы зæхмæ, кæрдæджы астæу ныххауы æмæ марой
кæны: сæфдзæн нæртон дуне æмæ йын баххуыс ницы мæ бон у!..
Бахызт Сырдон хъæды кæрон фæндагмæ æмæ йæ зæрдæ ба-
хъынцъым кодта: Арпаданы был куы бадтæн, уæд мæм ауылты
æрбацыд Батырадз... Æвæджиауы раст лæг, æмæ йæ мæрдтыл баф-
тыдтой хин æмæ кæлæнæй... Ныр бардуæгтæ хъæбæрдзыхæй дзур-
дзысты немæ, уæдæ куыд, чи сæ фæнæма, уый нал и нæртон зæх-
хыл!.. Æниу мæ къухы куы ’рæфтиккой, фæлæ кæм?! Уый та сæ
фарсмæ уыд æмæ се уонджы мигъ бадти... Ныр ма цы, а?..
Сырдон афæлмæцыд йæ сагъæстæй æмæ фæндаджы был иу
ставд кæлдымыл æрбадти, йæ лæдзæджы къæдзыл йæ сæрæй æрæн-
цад, афтæмæй кæсы зæхмæ. Йæ разы мæлдзыджыты губакк. Тын-
нывæндæгау кæнынц мæлдзгуытæ, тындзынц сæ куыстыл: чи хус
хиталæджы чысыл хъæл ласы йæ фæдыл, чи урс быры тымбылæг
ссардта æмæ йæ фескъæфы иумæйаг хæдзармæ, цалдæрæй та
фæтулынц иу цæйдæр гага... Уыдон дæр цæрынц, сæ куысты сæр
лæууынц, кæрæдзи нæ, искæй дæр нæ хъыгдарынц, фæлæ сæм
куы лæбурай, уæд дыл сæхи ныццæвдзысты æмæ дæ æвыд нæ
ныууадздзысты... Мах та адæм куы стæм, уæд нæм тыхы бон ахæм
æмвæнд æмæ ныфс цæуылнæ ис?.. Ныйиугæйттæ уыдзыстæм æмæ
нæ ныцъцъист кæндзысты... Стæй Хуыцауы тыхы раз нæ бон дæр,
æцæг, ницы у æмæ цы чындæуа?..
— Дæ бон хорз, зæронд лæг! — тыхджын, фæлæ сабыр хъæлæ-
сæй æрбадзырдæуыд Сырдонмæ æмæ уый йæ сæрыл схæцыд: чи
ма уа ацы барæг?..
— Кæй бон у, уый хорзæх дæ уæд!
— Куыд иунæгæй бадыс ам, хъæды, æви нарт Ныхасы нал
фæбадынц, йе сæм тæргай дæ æмæ сæм нал цæуыс?.. — къахæн
ныхас кæны барæг.
Сырдон ыл бæстон æрхаста йæ цæст æмæ йæ базыдта: ай Уас-
28 Сырдоны цæссыгтæ
433
тырджи куы у, уæд мæ хъазын йæ зæрды ис æви исты ракъа-
хын?.. Дæ фын дæ фæсайдта, мæнмæ къахинаг ницы ис, фæлæ
дæумæ, чи зоны, разына, чысыл фæпедзæ кæн...
— Цы кæнон, дæ рын бахæрон, зæронд никæйуал фæхъæуы:
йæ цонг — æдых, йæ зонд — ихсыд... Фæлæ ды кæд тынг нæ тагъд
кæныс, уæд æрфистæг у æмæ мæ цуры абад, ды дæр иунæг куы
дæ, стæй дæ урс зачъе æвдисæн — бынтон лæппулæг нал дæ...
— Кæд дæ нæ бахъыгдардзынæн, уæд мæхимæ дæр ахæм фæнд
уыд... Мæ фæндаг дæр цыма йæ кæронмæ фæхæццæ кæны, цы
тагъд кæнон...
Уастырджи æрхызт бæ^æй, йæ идоны кæрон ын æгъдæнцо-
йыл абаста æмæ йæ хизынмæ суагъта, йæхæдæг Сырдоны фарсмæ
æрбадт.
— А-а, чысыл мæ фæллад суадзон, бæх дæр йæ былтæ кæрдæ-
гыл ахафа...
— Раст кæныс, дæ рын бахæрон, хорз хайуан мæм кæсы æмæ
æвæринаг у. Бæх дæр, сабийау, зылд æмæ рæвдыд уарзы...
— Рагæй йæ хъусын, нарт бæлццон æмæ бæхуарзаг адæм сты...
Ды дæр уыдонæй уыдзынæ?..
— Уыдонæй, дæ рын бахæрон, фæлæ сæ цауддæртæй, — йæхи
смæгуыр кодта уазæджы цæстмæ Сырдон.
— Цауддæр? Ма мæ хъаз, дæ ныхасы уагыл зыны — зонды лæг
дæ!..
— Зонд та кæм и, фæлæ æдылытæй дæр нæ дæн...
— Уый æз афтæ ’мбарын: хорз лæг, кæд нартмæ цæуыс, уæд
сæ хуыздæртæ Ныхасы сты æмæ сæ уым агур...
— Куыд уынын, афтæмæй ды лæджы сусæг хъуыды йæ фыц-
цаг сулæфтæй базоныс... Фæлæ кæд нартмæ цæуыс, уæд дæм исты
хабар уыдзæн... Æз сæ разагъта лæгтæй нæ дæн, фæлæ йæ уæд
мæнæй дæр ма басусæг кæн...
— Ныхасы цы зæгъинаг дæн, уый нæртон дзыллæмæ се ’ппæт-
мæ хауы, дæ иувæрсты дæр нæ ахиздзæн, — фæтызмæг бæлццон
æмæ йæ цæсгомыл цыдæр мæты æнкъарæн рауылæн кодта. Сыр-
дон æй уыдта йæ цæсты тигъæй æмæ базыдта: хорз уац не ’рхаста
Хуыцауы фидиуæг, йæ уацæй йæхи зæрдæ кæм уынгæг кæны,
уым фыдбылызæй хъуырмæ уыдзæн...
Сырдон сагъæсыл фæци æмæ æгомыгæй бадти иудзæвгар.
Тызмæгæй цæуылдæр сагьæс кодта бæлццон дæр, æмæ йæм Сыр-
дон йе ’ргом фæзылдта, зæрдиагæй йæм бахатыд:
, — Хорз лæг, иугæр нарты Ныхасмæ æрвыст дæ, уæд мын зæ-
ронды хатырæй дæ хабар раргом кæн. Ныхасмæ кæмæ сиддзысты
Нарт, уыдонæй дæн æз дæр, фæлæ ардыгæй уæдмæ катайæ мæхи
434
бахæрдзынæн. Гъе æмæ мын ма бахæлæг кæн ацы хæрзиуæг!..
— Цæй хæрзиуæг дзы ис, мæ фысым, — ноджы ныхъхъуынтъыз
бæлццоны цæсгом. — Фыдуацы фидиуæг фæдæн ацы хатт... Хуы-
цауы галуаны уыдис тæрхон æмæ зæдтæ-дауджытæн сæ фæндиаг
у: нарт хъуамæ абонæй фæстæмæ зоной — мах се ’мсæр æмæ се
’мгуывд нал стæм! Нарт хъуамæ кувой махæн, Хуыцаумæ кувæ-
гау! Уый нæй, уæд — хæст... Кæнæ мах, кæнæ нарт хъуамæ фæ-
уой быныскъуыд!.. Мæнæн ацы хъуыддаг мæ зæрдæмæ нæ фæ-
цыд, фæлæ сæ фæндиагыл сразы Хуыцау æмæ мæ бон ницы сси...
Уæ сæрыл ныхас кæм загътон, уым фидиуæг мæн скодтой, цæмæй
мæм сфыдæх уат æмæ мæнæй дæр сæ маст сисой... Уый дын мæ
балцы сæр, хорз лæг... Фыдбылызы хабар...
Бирæ фæхъуыды кодта Сырдон, цæмæй ма йæ бафæрса, цы ма
дзы базона:
— Диссаг, нырмæ-иу нæ куывдты сæхи куы ныкъкъупри код-
той, уæд ныл ныр цы рахæтыдысты?..
— Уым диссагæй ницы ис, мæ хорз фысым... Нал сты нарты
тыхджындæр хæстонтæ... Уырызмæг базæронд, бардуæгтæ та зæ-
ронд нæ кæнынц, æнусон сты!.. Нал ис Хæмыц, мæнæ хæстон лæг
нæ уыдис, фæлæ дзы тарстысты уæддæр, нал ис Сослан... Уымæй
дæр тынг тарстысты... Ныр нал ис сæ сæйраг тасы сæр Батырадз
дæр... Рухсаг уæд, раст æмæ тыхджын лæг уыд, фæлæ йыл сай-
дæй фæтых сты. Бадомдтаид сæ, фæлæ...иууыл тыхджындæр сæ
фарс уыд!.. Дзынгатæ домбайы бадомдтой хинæй æмæ ма цæмæй
тæрсой?.. — æрхæндæг æмæ тызмæгæй дзуры барæг.
Сырдоны ныр æцæг бауырныдта — нал ис Батырадз! Ныккæр-
зыдта, нынниудта йæ зæрдæ, фæлæ æргом ницы равдыста: мæ
хъарæг æрвон дуаджы раз кæнинаг нæу!..
— Раст зæгъыс уымæй, нæ хорз уазæг, фæлæ цы зæгъы уæд-
дæр сæйраг лæгхор?.. Ды йæ фидиуæг дæ æмæ дæм хъыг ма фæ-
кæсæд... Æз нартæй дæн, æмæ ныл иугæр фесафыны фæнд кæны,
уæд æй æндæр цы схонон?.. Мæ тæрхон дæхæдæг фæу...
— Хорзæй дын цы зæгъон, а?.. Зонды лæг дæ, æмæ йæ бам-
бæрстай, уый нæ фæнды, зæгъгæ, уæд бардуагмæ сыбыртт дæр не
суæндыдаиккой!.. Уый та мын фидарæй загъта: кæд коммæгæсыл
разы нæ уой, уæд равзарæнт дыууæ фæндагæй иу — æвæд кæнæ
фыдвæд!.. Ома быныскъуыд кæнæ ма ныууадздзынæн сæ ницæй-
йæгты, сæ ном дæр худинагæн куыд баззайа фæстагæттæн!..
— Æвæд кæнæ фыдвæд? — сæрдиаг кодта Сырдон, ферох æй,
йæ фарсмæ йæ фыдгулы фидиуæг кæй бады, уый. Ныххæцыд йæ
цæсгомыл дыууæ армытъæпæнæй æмæ йæ цæссыгтæ бамбæхста
фидиуæгæй.
435
Сырдон æрдиаг кодта æнæсымæй. Ницы дзырдта уазæг дæр.
Æрæджиау Хуыцауы фидиуæг афтæ бакодта:
— Дæ уды стыр фыдох дын цæмæй фæсабыр кæнон, уымæн
ницы зонын... Ахæм амал, æвæццæгæн, нæй. Иунæг фæндаг уын
ныууагътой уæларвы цæрджытæ — æнустæм сæргуыбырæй лæгъ-
стæ кæнын æмæ кувын, кувын, кувын!.. Уый нæй, уæд — æвæд
кæнæ фыдвæд... Цæфæй нæ мæлыс, уæд — рæхуыст... Цы рав-
зæрстæуа?.. Нæ зонын... Чи зоны, æз равзарин мæлæт тохы бы-
дыры, фæлæ æз иунæг дæн, сабитæ кæмæн ис, уый та цы кæна?..
Хъæбулхоры ном райса, æви куыд?.. Нæ зонын, нæ дæр ацы тæр-
хоны лæууын!..
Сырдон хъусы уазæджы ныхасмæ æмæ зæрдæйæ хаты, — нæ
фæнды ацы дуаджы нæртон дзыллæйы сæфт, фæлæ сын баххуыс
нæу йæ бон æмæ йæ зæрдæ риссы... Уый хорз нысан у, æмæ, чи
зоны, исты ирвæзæн амал зона?.. Бафæрсын æй хъæуы. О, фæлæ
уый Хуыцауы ныхмæ рацæуын амоны æмæ йæ ныфс бахæсдзæн?..
Уый дæ катай нæу, — хæцы йæхимæ Сырдон, — бафæрс æй æмæ
бæрæг уыдзæн!..
— Хатыр бакæн нæ уазæг, фæлæ мæм диссаг кæсы, Хуыцау
афтæ цæмæннæ бацамоны йæ бардуæгтæн: уæ сæрмæ кæй нæ
хæссут, уыдоныл зондæй фæтых ут æмæ уæ дæлбазыр балæууой?..
Æз нартæн сæ цухдæртæй дæн, фæлæ нæртон лæджы дзырд дæд-
тын: кæд мæ бардуæгтæй исчи кæнæ се ’ппæт дæр иумæ исты
ахæссой зондæй, уæд абон дæр разы дæн мæ сæрæй бакувыныл
бардæугтæн!.. Гъо, фæлæ æдылы гуымирыйæн исчи цæмæн хъуа-
мæ кува йæ сæрæй?.. Рауайæнт зонды быцæумæ... Кæд зæдтæ-
дауджыты Хуыцау æдылытыл нымайы, уæддæр йæхæдæг зонды
къуыбар у æмæ рацæуæд, амбулæд мæн, хуымæтæг нæртон лæ-
джы!.. Кæд мæ амбула, уæд ын канд æз нæ, æнæхъæн дзыллæ
бакувдзæн сæрныллæгæй!.. Кæй дзы нæ фæнда, уый дæр æз сра-
зы кæндзынæн... Кæд уый нæ бакæнон, уæд-иу мæ рыг фестын
кæнæд нæртон дзыллæимæ иумæ... Разы дæн!..
Сырдон йæ фыртыхстæй ранымадта, цы ныфсы лыстæг таг ма
аззад йæ зæрдæйы рæбын, уыцы ирвæзæн амалы сагъæстæ, фæлæ
фидиуæг мæстджын худт бакодта:
— Диссаджы нæртон лæг дæ, мæ фысым!.. Зондджын уæв-
гæйæ, ды нæма базыдтай хуымæтæджы хабар... Бамбар, базон
æмæ нымай дæ алы хъуыддаджы дæр — абон тыхы дуг у! Гукк!..
Тыхы дуг!.. Тых кæмæ ис, уый дæ зонд мур дæр ницæмæн хъæуы.
Уымæн фаг у æрмæст хины фаг чысыл зонд дæр!.. — тызмæгæй
дзуры уазæг. — Зæгъ-ма, Хуыцау демæ зондæй хъæбысæй хæстмæ
цæмæн хъуамæ рацæуа?.. Уый йæ тыхы руаджы у дунейы хицау,
436
цæмæн æй бахъуыд дæ зонд кæнæ дæ курдиат?.. Разы нæ дæ йæ
фæндиагыл? Æркъуырдзæн дæ, æмæ лæгъстæмæ фæуыдзынæ,
кæнæ та дæ мæнæ ацы зæхх, — уазæг йæ къухæй ацамыдта бы-
дырмæ, — аныхъуырдзæн цæсты фæныкъуылдмæ... Тыхы рæстæг
у, мæ фысым, æмæ зонд нымады дæр никуы ис... Тых кæмæ ис,
зондджын дæр уый у, рæсугъд дæр уый у, раст дæр уый у, — тых
зылынæй раст лæг аразы, къуылыхæй — къахджын, саугуырмæй —
цæстджын, ды та иууыл тыхджындæримæ зондæй быцæу кæнын
æрымысыдтæ!.. Уый дæ зонд мур дæр ницæмæ дары. Уымæ ис
тых, уымæ ис цæхæр фаттæ, рауадздзæн сæ нартыл æмæ сæ цъы-
быртты сыгъд бакæндзæн... Уый дын йæ дзуапп... Фæнык фес-
тын кæндзæн нæртон дуне, йæхи дæр ын нæ равдисдзæн, афтæ-
мæй... Ды та йæм сидыс: рацу, равдис дæхи, зондæй схæцæм Зи-
лахары быдыры, кæд мæ амбулай, уæд нæртон дуне — дæ кувæг
адæм!.. Нæ рацæудзæн, нæ равдисдзæн, нæдæр мæнау дæ фарс-
мæ æрбаддзæн... Уый сæр æй нæ хъæуы: уый — тыхджын, ды —
æдых, цæмæ дæм цæуа?..
— Фод дæ дзырд, фæлæ афтæ цæуылнæ ахъуыды кæны: зонд
дæр тых у, лæг йæ зондæй ссардзæн ахæм амал, цæхæр фаттæ
зæххæй уæларвмæ кæй руаджы æхса... Уый куы бафта нæртон
лæджы къухы, уæд та сæйраг лæгхорæн йæ цæхæр фаттæ дæр
ницыуал ахъаз фæуыдзысты!.. — нæ сæтты Сырдон.
— Ехх, мæ хорз фысым, уый искуы уыдзæн?.. Дæхи дæр куы
нæ уырны, уæд дзы æз Хуыцауы куыд фæтæрсын кæнон?..
Сырдон бамбæрста, ницы йæ бон у тыхы ныхмæ зондæй сара-
зын... Чи зоны, искуы исты æрымысид, фæлæ уæдмæ уæларвы
тыхгæнджытæ нæртон дуне цъыбыртты сыгъд бакæндзысты æмæ
дзы нал уыдзæн нæдæр зонд, нæдæр адæймаджы удысмаг!.. Дзæгъæ-
лы быцæу кæны ацы зондджын фидиуæгимæ... Асаст Сырдонæн
йæ фæстаг ныфс æмæ фыртыхстæй фæгæпп кодта йæ бынатæй,
уырдыг ныллæууыд уазæджы раз, лæппу-лæгау:
— Хатыр, Уастырджи!.. Фæстаг фарст ма дæм дæттын: цы фадат
ма ис нæртон дунейы ирвæзтæн? Æз ницыуал зонын, цы ма мын
бацамондзынæ ды? Ды мæнау куы зонис, нæртон дунейы цы хорз
сабитæ ис, цы зонд æмæ цы курдиаты лæппутæ, уæд сæ дæ цæст
нæ бауарзид фесафын... Зонын æй, нæ дæ фæнды мах быныс-
къуыд, зонын æй, уарзыс мæгуыр зæххон лæджы: зонын æй уымæй,
æмæ уыдтæн Хуыцауы галуаны, дæуыл куы тæрхон кодтой ни-
цæййаг зæдтæ, уæд... Гъе, æмæ мын æргом зæгъ: цы бакæнон æз,
мæгуыр зæххон лæг, куыд бахизон нæртон дзыллæйы быны сæф-
тæй?...
Уазæг йæ сæр ныллæг æруагъта, ныссагъæс кодта æмæ стæй
437
Сырдоны цæстытæм комкоммæ бакаст æмæ афтæ зæгъы рæвда-
уæн хъæлæсæй:
— Сбад, Сырдон, сбад Гæтæджы иунæг хъæбул... Ды мæ куыд
зоныс, æз дæр дæ афтæ зонын... Æз ма зыдтон æмæ зонын дæ
фыды дæр. Чи дæ нæртон дзыллæйæн, уый дæр зонын... Гъе,
æмæ кæрæдзи къахын ныууадзæм, нæртон дзыллæйы кой бакæ-
нæм, исты амал ссарæм сæ фервæзынæн... Æргом хæстæй ницы
рауайдзæн — сæфты фæндаг у... Фыдæй фыртмæ дауджыты дæл-
бар ныгъуылд æмæ æнхъæлмæгæсæй цæрат, уый дæр уын фæнди-
аг нæу... Уæдæ ма цы?.. Æвæццæгæн, хинæй сархайын хъæуы...
— Уæд цавæр хинæй? — Сырдоны зæрдæ фæсабыр: иугæр
Уастырджийы махæн хорзы бацæуын фæнды, уæд, чи зоны, исты
ирвæзæн амал ссара!..
— Хуымæтæджы хин: Хуыцау адих кодта нарты хæрзтæ æмæ
æвзæртыл, фыдвæд кæй хоны, уыдоныл. Хæцгæ хæрзтимæ кæны.
Йæ барæн: хæстмæ чи рацæуа, уый нæртон лæг, хæцын кæй нæ
бафæнда, уый — фыдвæд, уадз æмæ цæра, нарты худинаджы гак-
кау... Ды куыд нымайыс: хæстмæ нартæн сæ хуыздæртæ иууыл
рацæудзысты æви ма сæ хæрзæджытæй исчи фæстейæ аззайдзæн?..
— Мæ нымадæй хæцынмæ рацæудзысты, нæртон дунейы бар-
дуаджы цард ^чй кодта, уыдон... Нарт йæ дæлбар кæмæн уыдыс-
ты, уыдон... Иннæтæй та, — царды хъулæттæ чи нæ уыны, Уырыз-
мæджы ныхасмæ къæпдзыхæй чи хъусы, уыдон... Иннæ адæмы
хæцын нæ фæнддзæн, фæлæ хæст куы райдайа, уæд раст æмæ
зылын æвзарæг нал уыдзæн, туджы уылæны аныгъуылдзысты
иууылдæр... Стæй тас у, хæстон нарт иннæты ныхмæ куы фæуой:
сымах тохы бон нæ фарсмæ нæ лæуут æмæ цæгъдинаг стут!..
— Уыдзæн ахæм зонд дæр, — сразы Уастырджи æмæ цъынд-
дзæстæй акаст нæртон дунемæ. — Уыдзæн... Чи зоны, уый махæн
хуыздæр у... — дзуры йæхицæн. — Чи зоны, уыцы зонды раз ма-
хæн ис тæргай фæлидзыны бар?..
— Тæргай фæлидзын?.. — не ’мбары Сырдон Уастырджийы
фæндиаг. *- Кæмæй? Кæдæм?..
— Уый æндæр хабар у, Гæтæджы фырт... Фæлæ уал баныма-
йæм: Уырызмæг Ныхасы тæрхонмæ куы ’рхæсса бардуæгты фæн-
диаг — фыдвæд æви æвæд, — уæд цы равзардзысты хистæртæ?..
— Зæгъдзысты: хæцгæ у!.. Худинаджы бæсты мæлæт!.. Кæй
нæ фæнда хæцын, уый дæр цæстмæ хъæр кæндзæн: фыдвæды
бæсты æвæд!..
— Зæгъæм, ды фæдæ уыцы тæрхоны æмæ хæцыныл не сразы
дæ, уæд дын цы тæрхон рахæсдзæн дæ зондджын æфсымæр?..
— Зæгъдзæн: фесæф ардыгæй, ды нартæй нæ дæ æмæ цу, кæ-
438
дæм дæ фæнды, уырдæм! Нарты хъуыддаджы дæхи ма тъысс!..
Мах хæсты быдыры æрвыстам нæ царды бонтæ, ныр дæр нæ ницы
ахæсдзысты сылваз бардуæгтæ!.. Кæд нын сæфгæ у, уæд та кад-
джынæй — фыдвæды бæсты æвæд!..
— Гъе, æмæ уæд дæуæн тæргай лидзгæ нæу нæртон дунейæ?..
Бар дын нæй?..
— Бар та мын цæуылнæ ис, фæлæ — кæдæм, стæй бардуæгтæ
уæларвæй фæлгæсынц дунейыл æмæ сæ кæм бамбæхсдзынæ?.. —
æнкъардæй дзуры Сырдон.
— Уый тæргайы фæстæ уыдзæн æмæ, чи зоны, разына, кæм
бамбæхстæуа, ахæм бæстæ дæр æмæ дауджыты фæсайынæн исты
амал дæр... Фæлæ уал нæ хъуыддаг райдайæм тæргайæ... Нарты
гуыппырсартæ уæ сурынцуæ фыдыуæзæгæй!.. Сымах лидзуттæр-
гай!.. Кæдæм æмæ куыд, уый та уын æз хъуамæ бацамонон...
Кæдæм, уый æз зонын... Куыд, уый фæнд дæр мæм ис, кæд æй
айсат, уæд... Æндæр уын ницы мæ бон у... Иугæр тæргай лидзы-
ныл куы ныллæууат, уæд зæгъдзынæн Хуыцауæн: уыдон сты нар-
ты фыдвæд — сабитæ, сылгоймæгтæ, сылтæй æвзæрдæр нæлгой-
мæгтæ... Ды хæцыс нартимæ, æмæ хæц, де ’хсар æмæ де ’фсад! Де
’фсадимæ æз æмдзæхдон нæ дæн, нæдæр сæ хæстыл разы дæн...
Хæцæнт уыдон нартимæ, мæнæн та радт сæ фыдвæды æмæ сын
исты сæрфат скæнон... Уый нæй, уæд æз та бардуæгтæн расит-
дзынæн хæст, цы мæ ахæссой, уый та-иу дæуæн раппæлæнт!.. Хуы-
цауы не сфæнддзæн, нарты фыдвæды тыххæй йæ дауджытæ кæ-
рæдзимæ фæуой, уый. Мæ бар бакæндзæн сымах æмæ кæд
фервæзиккат. Зонын иу цæрæн зæхх, — кæрдæг, хъæд, дон, сырд,
фосхизæн æмæ хуымгæнды тъæпæнтæ, — æппæт дæр дзы ис, æр-
мæст дзы кусын æмæ цæрын хъæуы... Дард у, æцæг... Зымæджы
къæсæрыл уырдæм фæцæуын стыр хъазар у, фæлæ хуыздæр амал
ницы зонын... Кæд уæ Ныхасы тæргайы хабар сырæза, уæд тæр-
гай адæмы, хæцын æмæ искæй армы сæргуыбырæй цæрын кæй
нæ фæнды, уыдон сæмбырд æмæ сцæттæ кæн дард фæндагмæ,
стыр фыдæвзарæнмæ... Йæ ныфс чи нæ хæсса, уыдон уадз — зын
фæндаг уыдзæн æмæ уæ хъыг цы дарой, æндæр ницы ахъаз уы-
дзысты... Сæдæ боны уæ цæуын бахъæудзæн, уый фæстæ царды
фæндтæ кæнын... Уым уын фынгтæ ничи æрывæрдзæн, уæ хъару
æмæ уæ зондыл баст уыдзæн æппæт дæр... Кæд адæмы сфæнда,
уæд сæ цæттæ кæнут. Куыд, цы, кæдæм, уый ничи зоны æз æмæ
дæуæй дарддæр... Сурынц уæ гуыппырсартæ æмæ лидзут!.. Æн-
дæр ницы дзуапп ис сымахмæ...
Хуыцауы фæндæй нартæн арвмæ сæ фæстаг зонд бавдисыны
рæстæг нырма дард у, дыууæ мæйы æмгъуыд сын радта... Уæдмæ
439
сымах хъуамæ уат цæттæ æмæ иу æмæхсæвæджы афардæг уат,
хæсты райдианмæ уæ кой дæр куыд нал уа а ’ввæхсты... Ныр ды
хæдзарæй дæхи Ныхасмæ цæуæг скæн, уым куыд уай, уæларв
фидиуæг куы фæзына, уæд... Æз ма акæсон, азилон нæртон зæх-
хыл, стæй уæм зындзынæн. Нæ мæ зоныс, нæ дæ зонын...
Фестадысты дыууæ дæр æмæ Сырдон йæ фæндагыл араст хæ-
дзары ’рдæм, Уастырджи та йæ бæхмæ бацыди.
* * *
Сырдон цыди æнкъард, фæллад æмæ сæргуыбырæй йæ лæ-
дзæджы ’нцæйтты. Йæ зæрдæ тынг ницæмæй баради, æрмæст иунæг
ныфс: кæд нæ сабитæ аирвæзиккой — куы ничи разы кæна, уæд
нæхæдæг, Алафарнитимæ, не ’ккой скæндзыстæм нæ сабиты æмæ
фæлидздзыстæм ацы фыдвæтк æмæ тыхмийы дунейæ!.. Кæд дзы
ирвæзт нæй, уæд фæлтау искуы фæндагыл ныммæл, фæлæ ацы
дунейы цагъар мауал у!.. Бакæнон ныхасмæ Алафарниты дæр, не
’ппæты иумæ куыд расурой, тæргай æмхуызон куыд ралидзæм...
Радзырдта Сырдон Армимаз æмæ Алафарнæн Уастырджийы
ныстуан: тæргай фæлидзын нæртон зæххæй!.. Марды ’рдиаг ба-
кодтой уыдон дæр — куыд фæлидзæм нæ фыды уæзæгæй?! Фæлæ
зонгæ-зонын дæ сабиты арты дзыхы баппар, уый дæр цы лæгдзи-
над у?.. Хуыздæр амал ницы ссардтой æмæ бар-æнæбары сразы
сты тæргай лидзыныл. Базыдтой йæ — сæ царды иууыл стырдæр
фыдæвзарæн райдыдта, фæлæ цы кæной?..
Ныхасмæ æрæмбрыд бирæ адæм, æртæ нарты хистæртæ се
’ппæт дæр, стæй Фæсхъæуы хистæртæ дæр æртæйæ, Сугъар дæр
ма семæ кæстæр æмбалæн. Уыдысты уым Армимаз, Алафарн æмæ
Сырдон дæр, хистæрты фарсмæ уырдыг лæууыдысты. Хуыцауы
фидиуæг æрцыд, зæгъгæ, куы айхъуыст, уæд дардæй сæ цæст дард-
той ныхасы тæрхонгæнджытæм иннæ адæм дæр, уæлдайдæр, æв-
вахс чи цард, уыдон.
Уырызмæг йæ тинты кæрцы, æргьæусæр лæдзæджы ’нцой цыди
йæ уазæджы разæй æмæ æрбадт ныхасы сæр, стæй, хистæртæ
иууылдæр сæ бынæтты сты, уый куы базыдта, уæд рог фестад
æмæ адæмæн бацамыдта:
— Хорз адæм! Уæлæрвтæй нæм æрцыд фидиуæг, мæнæ ацы
уæздан лæппу! — Уастырджи ныр уыд лæппу-лæджы хуызы æмæ
Сырдон йæ мидбылты бахудт: уый та мæнæй дæсныдæр йæ хуыз
ивынмæ! — Хорз уац не ’рхаста, фæлæ йын цы кæнæм? Уæлæрв-
ты фæндиаг кæм у йæ уац, уым уын æй йæхæдæг ранымайæд...
— Хорз нæртон дзыллæ! Номдзыд хистæртæ! Раст загъта уæ
440
цытджын разлæууæг, зæрдæрайы уац не ’рхастон, фæлæ æз æр-
мæст фидиуæг дæн Хуыцауы раз. Бардуæгты æмæ сæ хистæры
фæндиаг у ахæм: абонæй фæстæмæ нарт иууылдæр сты бардуæг-
тæн кувæг! Æмсæр-æмгуывд дзы нал ис! Кувут сæм, сæ бархъо-
мыс та æххæст кæнут!.. Ууыл чи нæ уа разы, уымæн раситдзысты
хæст, æргом хæст! Кæнæ уыдон, кæнæ нарт!.. Хатыр æмæ дзы
фидыд нæй! Æргом хæстыл куы ныллæууат, уæд ма уын Хуыцау
йæхи фæндæй иу бар дæтты: æвæд æви фыдвæд? Равзарут уæхæ-
дæг: быныскъуыд уæ скæна æви ма уæ худинаджы гаккæн фыд-
вæд ныууадза?.. Ныр у, æмæ уын бæстон дзуапп ссарынæн Хуы-
цау дæтты дыууæ мæйы æмгъуыд... Мæй дыууæ хатты куы скæса
æмæ куы аныгуыла, уæд хъуамæ зæгъат: цы фæндыл ныллæууы-
дыстут — разы стут бардуæгты фæндиагыл æви сæм æргом хæст-
мæ цæут?.. Кæд хæстмæ уæхи æууындзат, уæд та хъуамæ равза-
рат: æвæд æви фыдвæд?.. Æз фæдæн мæ дзуринаг... Ныр тæрхон
кæнут уæхæдæг. Дзуапп дыууæ мæйы фæстæ! Æз цæуын мæ хи-
цауы размæ. Фæрныг фод уæ тæрхон!..
Фидиуæг йæ сæрæй акуывта хистæртæн, стæй адæмæн æмæ
араст хъæувæндагыл Арпаданы ’рдæм. Адæм æдзæмæй кастысты
йæ фæдыл, цалынмæ фæаууон, уæдмæ... Се ’ппæты зæрдæ дæр
бакъуырдта къæйных фыд уац æмæ сæ дзурын никæй фæндыд,
йæ хъуыды æргом дзурын ничима уæндыд. Цард æмæ мæлæты
раз иударон ныхасы алкæмæ дæр худинаг каст; уды рæбынæй
растгæ хъуыды та нырма никæмæ уыд æмæ ницы дзырдтой...
Уырызмæг сфæлмæцыд æндзыгæй бадынæй æмæ æрæджиау афтæ
бакодта:
— Хорз адæм!.. Стыр фыдæвзарæн æмæ хъазуаты дуг ныл
ныккодта, уый бæлвырд у... Лыстæггай барын кæй хъæуы алцы
дæр, уый дæр æнæмæнг у æмæ уæ æз æвиппайды тæрхоны ныхас
нæ домын... Фæцæуæм нæ фæрныг хæдзæрттæм æмæ ныссагъæс
кæнæм: цы æмæ куыд?.. Æцæг, мæнæн ныр дæр бæлвырд у иу
хабар: мах, нæртон дзыллæ, дауджытимæ хъуамæ æмсæр-æмгуыв-
дæй баззайæм!.. Уый нæй, уæд нарт нал уыдзыстæм æмæ нæ цар-
дæй нæ мæлæт хуыздæр у!.. Хæстæй нæм додой кæнынц дауджы-
тæ, фæлæ нæ дзæгъæлы тæрсын кæнынц: нарт хæст сæхæдæг
фыдæлтæй фæстæмæ агургæ кодтой, стæй уæларв бадджытæй дæр
сæ цирхъы ком никуы раздæхтой... Сæ додойæ чи фæтæрса, уыдоны
сабиты ’хсæн агурæнт!.. Уый бæлвырд у, фæлæ уæддæр хъæуы
бæстон тæрхон, тагъд дон фурды не ’ййафы, нырма нын рæстæг
дзæвгар ис сагъæсæн дæр, быцæуæн дæр, уынаффæйæн дæр...
Адæм хъуыстой раздæрау æнæсыбырттæй. Уырызмæг сбадт,
фæлæ иннæтæй дзурынвæнд ничи кодта, ничи дæр йæ хæдзармæ
441
тындзыдта. Уæд Сырдон базмæлыд, йæ сæрыл схæцыд, лæдзæг
рахиз къухæй галиумæ райста, цыма йæ уый нæ уагъта дзурын,
æмæ райдыдта:
— Нæ цытджын хистæр, иуæй афтæ дзурыс, нарт зæдтæ-дау-
джытимæ æмсæрæй хъуамæ баззайой, иннæмæй та — хъæуы бæс-
тон тæрхон... Нæ дæ ’мбарын, цы у дæ фæндиаг: æмсæр цæмæй
уæм дауджытимæ, уымæн хъæуы хæст рамбулын, дауджыты ныц-
цæгъдын... Кæд уый дæ иунæг фæндиаг у, уæд ма тæрхон та цæ-
уыл кæнæм?..
— Ды нырма бирæ цыдæртæ не ’мбарыс, ме ’фсымæр, — сабыр-
гай райдыдта Уырызмæг. — Цы не ’мбарыс, уыдон сæйраг сты —
кад æмæ намыс. Нæртон кад æмæ намыс цы сты, уый куы зонис,
уæд афтæ нæ дзурис...
— Ме ’фсымæр, æз цы не ’мбарын, уый ам ницы давы, фæлæ
ды адæмæн æргом зæгъ: цы дæ фæнды — хæцын æви фидауын?
Кæд — хæцын, уæд нæ хъуыды иууылдæр, нучы донау, хæсты
нысæнттæм арæзт хъуамæ уа. Кæд фидауын дæ зæрды ис, уæд та
хъуыды дæр ууыл хъæуы: куыд æмæ цы хуызы?..
— Фидауын?! — фесхъиудта Уырызмæг. — Кæд мæ фехъуыс-
тай фидыды кой?.. Нæртон кад цъыфмæ аппарон, дауджытæн
нартæй цагъартæ саразон, уый дæ фæнды?..
— Уый мæ нæ фæнды, нæ буц хистæр, фæлæ нæ уæд мæлæты
фæндагыл ардауыс æмæ нын æй æргом зæгъгæ уæддæр кæн...
Уæд хæсты амæлынмæ хъуамæ бацæттæ кæнæм нæхи, стæй нæ
сылыстæг æмæ нæ сабиты дæр!.. Афтæ у нымад...
— Уый та цæмæн афтæ у? Нарт нарт нал сты, се стыр ном сæ
ферох, æви дауджыты бынмизтæй фæтарстыстут?
— Ницы нæ ферох, нæ хистæр, фæлæ йæ сабиты сæфт кæй нæ
фæнды, уый та цы кæна?.. Ам уынаффæ хъæуы, мæлын кæй нæ
фæнды, уыдонæн — куыд цæргæ сын у дарддæр?..
— Цагъарæй цæрын кæй фæнды, уый цæрæд! — фæмæсты
Уырызмæг. — Æцæг нæртон лæг чи у, уый та тохы быдырмæ æууын-
дзæд йæхи, кадæй-радæй цæрынмæ! Æниу дæм цы дзурын, ды
æцæг нæртон лæг никуы уыдтæ, ныр дæр нæ дæ!.. Кад æмæ на-
мыс цы сты, уый нæ зоныс, хæсты дæр æмæ уынаффæйы дæр
ницы дæ, ничи дæр дæ хæцынмæ хоны... Цу, кæдæм дæ фæнды,
уырдæм!.. Рагæй дæр куы нæ уыдаис не ’хсæн, уæд хуыздæр уы-
даид нæртон дзыллæйæн!..
— Хорз, фод дæ дзырд, — мæсты кæнынмæ арæзт нæу Сырдон. —
Ацæудзынæн æз, нæ уыдзынæн уæ хæсты дæр, уæ фвдьщы дæр. Фæлæ
цы фæуой, иннæ дзыллæйæ мæнау хæстхъом чи нæу, уыдон та?..
— Уыдон дæр фесæфæнт æмæ ды дæр! — смæсты Уырызмæг. —
442
Ницæмæн нæ бахъуыдыстут, гукк!.. Цæут, кæдæм уæ фæнды,
уырдæм! Фесæфут нæртон уæзæгæй, мауал æй худинаг кæнут, ды
æмæ дæ хуызæттæ!..
— Нæ хистæр! — мæстыйæ бадзырдта Уырызмæгмæ Армимаз. —
Хъæртæ ныл цæмæн кæныс, ам сабиты хъазæн фæз куы нæ у,
нарты стыр Ныхасы куы бадæм?.. Никуы уыдтæн æз дæр дæ хæ-
цæнты, фæлæ дæм кадгур дæр никуы бацыдтæн. Стæй нæртон
уæзæгмæ дæр ницы худинаг æрхастон, цæмæн мæ сурыс нæ фы-
дыуæзæгæй? Æви ам цæрыны аккаг æрмæст хæсты лæгтæ сты?..
Цы кæной иннæ адæм та?..
— Цы сæ фæнды, уый кæнæнт! Ничи сæ ницы домы, мацæмæ
дæр æнхъæлмæ кæсæнт!.. Нæ сæ фæнды нæртон кадыл сæ сæр
æрхæссын, уæд гъæй кæнæнт!.. Ничи сæ уромы! Нæ фыдыуæзæг
мах æгадмæ не ’руадздзыстæм искæй хæффындзхор сабиты тых-
хæй!..
— Хорз Уырызмæг, — йæхи тыххæй уромы сабиты коймæ Ала-
фарн. — Мæнæн сабитæ ис, уый мын цы фидис кæныс?.. Мæхи
армæй сæ хæссын, дæумæ æфстаугур никуы бацыдтæн... Стæй сæ
дæ фæндæй мæлæты дзыхы дæр нæ атъысдзынæн... Гукк!.. Фæл-
тау сæ, дзылыйы лæппынтау, мæ дæларм скæндзынæн, дзыхъ-
хъæй дзыхъмæ лидзæгау кæндзынæн а дунейыл, афтæмæй сæ ис-
тæмæйты дардзынæн... Уый дæр ма дын зæгъон: ам дæ фидистæм
хъусынмæ ничи ’рцыд!..
— Æз та дын уый зæгъон æмæ дæу ардæм ничи хуыдта! Нæ дæ
фæнды хъусын æмæ гъæй кæн!.. Фæлæ йæ зон: дæ бынмиз саби-
ты тыххæй мах, нæртон дзыллæ, нæ сæрмæ худинаг не ’рхæсдзыс-
тæм, никæй дæр не ’ккой сбадын кæндзыстæм!.. Цу, дзылы дæр
фест æмæ цъиах дæр, æрмæст фæтæх нæртон дунейæ æмæ йæ
мауал худинаг кæн, сыджытæзмæнтæг цыдæр!..
— Нæ буц хистæр! — фæстаг фидис йæхимæ бамбæрста Сугъар
дæр. — Сыджыт змæнтын худинаг никуы уыд нæртон зæххыл.
Мах иууылдæр сыджыты сойæ цæрæг стæм. Ды дæр иууыл да-
вæггаг физонæгæй нæ цæрыс, йæ фæдыл ын ронджы къус куы
ныффæрсудзыс, уæд уый сыджыты сой вæййы. Уыцы сыджыт та
мах змæнтæм афæдзæй афæдзмæ æмæ нын æй фидис ма кæн!..
— Фæлæуу-ма, ды та чи дæ?! — схъæр кодта Уырызмæг. — Чи
дæ æрбахуыдта, цы къæу-къæу кæныс ам?!
— Чи дæн, уый хорз зоныс, — йæхиуыл тыххæй хæцы Сугьар. —
Дæ фæдыл джидзæггаг балцыты чи ралли-балли кодта бирæ хæт-
тыты, уый! Де скъæтмæ дын нард кусæрттæгтæ чи тардта, йæхи
туг æмæ искæй тугæй æвдылдæй, уый! Дæ хуымтæ дын чи кодта
æмæ карста, дæ гонтæм хор куыфæй чи ласта, уый!.. Нал мæ
443
зоныс ныр, нæ?.. Нал дæ зонын абонæй фæстæмæ æз дæр, æз —
Фæсхъæуккаг зæххæзмæнтæг Сугъар!.. Нæртон зæххыл мын цæ-
рæнуат дæр нæ радтай, фæлæ дын ныр ныууадздзынæн Фæснар-
ты зæххытæ дæр... Дæхæдæг сæ змæнт, æмæ цæр мæнгард æмæ
фæлдыстæй!.. Æз фæцæудзынæн дæу æмæ дæ хуызæттæй, уæ кой
дæр уын кæдæм нал хъусон, ахæм ранмæ! «Гъæй кæнут!» — хъæр
кæныс æмæ фæцæудзыстæм, дæу уæд нæртон дуне иууылдæр...
Дæ фидистæ, де ’дылы хъæртæй ирвæзт куы уæм, уæд уый дæр
фаг уыдзæн мæгуыры цардæн!.. Хорзæй баззай, мæнгард хистæр!..
Сугъар цæуынмæ фæци æмæ йæ фæдыл араст сты Армимаз,
Алафарн æмæ Сырдон дæр. Хылмæ чи хъуыста, уыцы адæмæй
дæр иу къорд ахицæн æмæ апырх сты хъæуыл. Ныхас фегуыппæг
æмæ уæд Хуагом рахъавыд, зондджын хистæрау, хъаугъайæ фер-
вæзынæн амал ссарынмæ.
— Нæ буц хистæр, цы хабары тыххæй фембырд стæм, уый нæ
стыр катайы ныппæрста æмæ кæрæдзимæ куы фæуæм, уæд хорз
нæ уыдзæн... Раст у, кæстæр йæ бынат хъуамæ зона, фæлæ кæс-
тæры дæр рæвдауын хъæуы, науæд знæт кæны, æнæдомд бæхау...
Зæгъинаг та уый дæн æмæ хабарыл бæстон ахъуыды хъæуы... Чи
зоны, фидауын хуыздæр уаид, Уырызмæг... Чи зоны нын æргом
хæсты ницы ракæной бардуæгтæ, фæлæ хин æмæ кæлæн сты, бирæ
фыдбылызтæ скæнын у сæ бон... Сон-рын ныл рауадздзысты, нæ
фос нын сæ тугдзых куыйты хай фæкæндзысты, науæд сæ хъом-
рынæй фæцагъды кæндзысты... Алы дзæгъæлдзуты ныл ардау-
дзысты æмæ сæ уынгæджы фæуыдзыстæм...
— Цæй, стæрс ды дæр! — Уырызмæджы мастыл Хуагомы æвæл-
мон ныхас цæхх айзæрста. — Æниу цæмæй тæрсыс ды та? Кæд
уыдтæ хæсты æмæ дæм чи сиды хæцæнмæ?.. Бардуæгтæм ды ны-
мады дæр нæ дæ!.. Ды сæ цагъар дæ æмæ уыдзынæ! Куывтай сын
сæргуыбырæй æмæ кувдзынæ цæрæнбонты!.. Гъе, æмæ кув! Кæнæ
ды дæр, дæлæ уыцы дзылыйы лæппынтау, гъæй кæн нæртон зæх-
хæй!.. Цу, цæмæ ма лæууыс?.. Науæд дæ бын не ссур уыдзæни
райсоммæ!..
Хуагомыл цыма фаджысы рагъ рафæлдæхт, уыйау фæци æмæ
фæсæццæ, дзурын нал фæрæзта æмæ иу-цасдæр джихæй абадт,
стæй фестад:
— Ахæм цъаммар дзых дын ис, уый нæ зыдтон, æндæра не
’рбацыдаин... Ды... Ды цъаммар куы дæ, дæумæ ныхасмæ чи цæуы,
уый та дыууæ хатты куыдз! — йæ кæуындзæг йæ хъуырмæ схæц-
цæ Хуагомæн.
— Фесæф дын, зæгъын, ницæййаг хъымхъымæг! — ныррыхыд
Уырызмæг æмæ Хуагом йæ цыд фæцырддæр кодта, тарст, мыййаг,
444
ыл ацы æрра лæдзæгæй куы ралæууа. Хуагомы фæдыл рацыдыс-
ты Фæсхъæуы хистæртæ дæр æнæсыбырттæй. Баззадысты ма
Уæлæсыхы æмæ Борæты хистæртæй чидæртæ. Нæ фæцыд уыдон
зæрдæмæ дæр Уырызмæджы тызмæг æмæ карз ныхас. Сæ зæрдæ-
мæ фæцыд, Фæсхъæуккаг лæппуйы кæй атардта, уый. Хуагомæн
дæр хорз фæци! — цин кодтой сæ миднымæр, Хуагом йæ фæстаг
кывдмæ кæй нæ фæхуыдта, уыдон. Сæ сусæг маст ссыд!.. Фæлæ
Сырдон, уæлдайдæр Армимаз æмæ Алафарны афтæ атæрын не
’мбæлди... Уыдон тæрхоны рæстæджы æрхъуыдыджын адæм сты
æмæ ныр куы нал æрбацæуой, уæд цы уыдзæн?.. Уырызмæг ныр-
тæккæ мæсты у, сдзырд æм нæй, фæлтау сом исты ныффæнд кæн-
дзыстæм... Цыдæр æфсæнттæй се ’ппæт дæр сæхи асайдтой хæ-
дзæрттæм æмæ Уырызмæг зыбыты иунæгæй баззади ныхасы...
Иæ маст куы æрнымæг, уæд æм хорз нал фæкастысты йæ митæ,
фæлæ ма цафон?.. Нал ссардзæн, кæй бафхæрдта, уыдонæ зæр-
дæ. Нал æм æрбацæудзæн Сырдон æмæ йæ уый зонды сæр та
нырæй тынгдæр никуы хъуыди. Нæ сыхы хистæртæ дæр мын цы
баххуыс кæндзысты?.. Мæ дзыхмæ цы кæсынц, æндæр сæ зонды
ныхас никуы рантыст æмæ ныр хæйрæджытæ фестдзысты?.. Хуа-
гомы тæрын хъуыд, — уый цин кæны, мах дæр уый хуызæттæ
суыдзыстæм!.. Фæсхъæуы лæппуйы дæр дзæгъæлы бафхæрдтон —
бирæ лæггæдтæ дзы зонын, æцæг, стæй хорз хæстон лæг у... Йæ
къух мыл куы ауигъа, уæд сæ хъæуы лæппутæ дæр уый зондмæ
хъусынц æмæ дзы мæныл иу хæстон нал бафтдзæн... Хорз нæ
рауад, фæлæ ма цы, а?..
Бирæ фæбадт Уырызмæг æнкъардæй, йæ лæдзæг йæ ныхмæ
сбыцæу кодта, афтæмæй сагъæсыл фæци, фæлæ йæ зæрдæ ницæ-
мæй барухс: хæст расиддзæн, чи фæзындзæн йæ сидтмæ?.. Уырыз-
мæг нæма зыдта, Батырадз ын кæй нал ис, афтæмæй йæ сæйраг
ныфс уый уыди — не ’фсин æм куы арвита, уæд нæм кæд зынид,
æцæг, Хуыцауы хъан у æмæ йæ куы нæ рауадаза?.. Кæд фæзы-
нид... Науæд дæр хæцгæ у, фæлæ исты нæ къухы бафтдзæн?..
Уыдон — бирæ, мах армыдзаг... Стæй ноджы фидауынмæ куы
ахсайа сæ зæрдæ, Хуагомы куы бафæзмой иннæтæ дæр?.. Науæд
Сырдониты?.. Сугъарæй пайда нал ис, уый бæрæг у, йæ фæсивæ-
ды дæр нæ рауадздзæн хæцæнмæ... Бурæфæрныг дæр хæстмæ
æууындза йæхи, уый мæ нæ уырны, цæугæ дæр не ’рбакодта,
кæмдæр та йæ фысты къæдзилтæ нымайы æмæ æлвыны! Уæлæсы-
хы лæппутæ иунæгæй куы аззайой, уымæй тас у æмæ уæд цы
бакæндзысты?.. Ницы... Кады мæлæт?.. Цæй кад и уымæй, хуыр-
гæрчыты цагъд нын куы фæкæной, уæд?.. Уæ, тæхуды, уæд та
раздæр куы амардаин æмæ нæртон дунейыл ацы æгады хабар мæ
445
рæстæджы куы нæ ’рцыдаид!.. Куыд цæрон ныр, куыд хæцон?..
Уырызмæг ма уæддæр æнхъæл уыд, исчи йæм зындзæн хис-
тæртæй, фæлæ йæм ничи фæзынд æмæ мæстджынæй араст сæхи-
мæ... Иунæг дæн, ничиуал мын ис нæ зæронд æфсинæй дард-
дæр!.. Фæцæуон, чи зоны, уый зонд хуыздæр исты скæрда...
* * *
Сырдон æмæ йе ’мгæрттæ дæр мæстджынæй бацыдысты Арми-
мазы куырдадзмæ. Ныр Сугъар дæр семæ. Сырдон сын ногæй
лыстæггай радзырдта Уастырджийы фæндиæгтæ æмæ бардуæгты
фыдвæнды хабæрттæ. Сугъар ныр цин кодта, кæй рацыди, Нæр-
тон Уырызмæгæн дæр кæй нæ ныббарста йе ’фхæрд, кæй рахи-
цæн уымæй æмæ йæ ныр мæнæ ацы лæгтимæ кæй хъæуы агурын
нæртон дзыллæйæн бардуæгты азарæй ирвæзæн фæрæз. Уый зæр-
диагæй хъуыста Сырдоны æрхæндæг нымадмæ: Уырызмæджы
хæстон сидтмæ нал цæуæм, æфсон йæхи у — фесæфут нæртон
зæххæй! — фæлæ агурын хъæуы фæрæз искуыдæм фæлидзынæн...
— Стыр зын уыдзæн не ’ппæтæн дæр, — дзуры Сырдон, —
зымæджы райдиан нæ хъарм къæстæ ныууадзын æмæ æбæрæг кæ-
дæмдæр æмæхсæвæджы цæуын, фæлæ цы кæнæм æндæр?..
— Ницы дзы ис хуыздæр хос, — фидарæй зæгъы Сугъар. — Чи
зоны, хæсты тасæй нæ фæлидзин, сразы уаин бардуæгтæн кувы-
ныл дæр, фæлæ æрмæст Уырызмæг æмæ йæ хъузæтты фидистæй
фервæзыны охыл дæр фæлидзын хъæуы ардыгæй. Мæнæн ам
цæргæ нал у. Искуы дæр мын минасы фынг æвæрд нæй, фæлæ мæ
уды æмæ мæ цонджы хъаруйæ мæ бинонты кæд фæдарин... Мæ
цæстмæ мын уæддæр ничи дардзæн, Фæсхъæуы кæй цæрын, æцæг
нæртон лæгыл мæ кæй нæ нымайынц Уæлæсых...
— Фидистæ фидиссаг фæкæны, уыдæттæ дæ зæрдæмæ ма хæсс, —
хаты йæм Алафарн, — фæлæ кæд лидзынвæнд кæнæм, уæд ыл
бæстон ахъуыды хъæуы... Алцы дæр нымайын хъæуы дардвæн-
даджы æууæлтæй... Уазалæй куыд ирвæздзысты сабитæ, хæринаг
куыд кæндзыстæм, дон куыд ардзыстæм, фæндаг кæдæм дардзыс-
тæм, фос цы хæрдзысты, уæрдæттæ кæм уыдзæн, фæндагыл сæ
куыд ифтонг кæндзыстæм, мыййаг, фыдæмбæлæг куы фæзына,
нæ адæм сæм цæттæ физонæгау куы фæкæса, сæхи нæм куы ’ппа-
рой, уæд цы æмæ куыд кæндзыстæм — адæппæт митæ иууыл ны-
маинаг сты... Кæдæм фæцæуæм, уым дæр цы æмæ куыд аразинаг
стæм; цы дудгæ бонтæ нæм кæсы уым, уыдон куыд батондзыс-
тæм?.. Бирæ цыдæртæ хъæуы зонын æмæ нымайын развæлгъау...
— Рæстытæ дзурыс, бæргæ, фæлæ куы базониккам, чи у немæ
446
фæцæуинаг, уæд стæй нымаиккам нæ фæндаджы зынтæ, — ны-
вæнды йæ хъуыды Сырдон. — Уæд алкæмæн дæр исты бæрæг
хъуыддаг йæ бæрны бакæниккам æмæ йæ æхсæвæй-бонæй ара-
зид... Рæстæг нын хæрз чысыл ис, дыууæ мæйы ницы сты... Æмæ
нæ, зæйау, хæсты уылæн ам куы ’рæййафа, уæд та нал фæцæуы-
нæн уыдзыстæм, нал схæцынæн...
— Схæцыны койæн йæ фæстæ атутæ кæнæм, — тызмæгæй алыг
кодта Армимаз. — Ам хæст нæдæр уыдзæн, дауджытæн сæ фæнд
бæрæг у: нарт хъуамæ фесæфой!.. Зонынц æй, сæ фæдджийы
бынæй ракæс-ракæсæй цæрыныл нарт не сразы уыдзысты. Иугæр
афтæ у, уæд Хуыцау нарты цъыбыртты сыгъд бакæндзæн арвы
цæхæрæй... Саби дæ, зæронд дæ, хæстон лæг æви сылгоймаг, —
уый фæрсæг нал уыдзæн... Арвы цæхæрæй басудздзысты иууыл-
дæр æд хæдзæрттæ, æд фос, æд фæллой... Уæгъды цин кæны
йæхинымæр Хуагом, ома нæ мыккагæн ницы уыдзæн — рагæй дæр
бардуæгтæн кувæг стæм!.. Нæртон дунейыл арт куы сирвæза, уæд
басудздзысты кувæг адæм дæр... Гъе, æмæ Алæгатæй дæр исчи
немæ цæуын куы сфæнд кæна, уæд сæ акæнын хъæудзæн. Афтæ
нæу, Сырдон? Ды сын æцæг сæ уæздан кувæджы нæ уарзыс, фæлæ
адæм тæригъæд сты... Æрмæст кæй фæнда, уыдон, чи зоны, Хуаго-
мы сусæгæй...
— Мыккагæй æвзарын нæ худинаджы гакк у, æмæ дзы уый нæ
уыдзæн, фæлæ уал уæддæр чи цæудзæн, уыдон аивтæй баныма-
йæм, цæмæй нæ фæндаджы хæрдзтæ уæддæр зонæм бæлвырд, —
йæ хъуыдымæ та æрыздæхт Сырдон.
— Фод дæ дзырд, — сразы Алафарн. — Азилæм нæртон адæ-
мыл æмæ банымайæм æнæфæрсгæйæ: чи сразы уыдзæн цæуыныл!
Бирæ нæ фæрæдидзыстæм — иу-фынддæс хæдзары иууыл дисса-
гæй. Иууыл зындæр нымайæн сты Алæгатæ æмæ уыдоныл æз
мæхæдæг азилдзынæн... Фæсхъæу банымайæд Сугъар, Борæты —
Сырдон, Æхсæртæггаты та нæ Куырдалæгон... Сомизæр та бам-
бырд уæм ам æмæ бæлвырд æрнымайæм нæ фæндаджы хæрдзтæ...
— Разы дæн, — зæгъы Сугъар, — зонын æй ныр дæр, иууылдæр
сразы уыдзысты, чи зоны, иу-дыууæ хæстмондаг лæппуйæ дард-
дæр.
— Æз нæ дæн разы, — йæ мидбылты æнæбары худы Сырдон. —
Сом изæр рацæут мæ къæсмæ æмæ уым хибарæй фæнымайдзыс-
тæм. Чи зоны дзы фæйнæ къусы ронг дæр разына, мæнæ Алафар-
ны бæркадæй...
Сразы сты Сырдоны фæндыл дæр æмæ апырх сты фæйнæр-
дæм. Сырдон аивтæй бацыд Ныхасмæ æввæхсты æмæ Уырызмæ-
джы иунæгæй бадгæ куы суыдта, уæд ын иуæй æхсызгон уыд —
447
фæсырдта йæ гуымир ныхасæй йæ хуыздæр æххуысгæнджыты,
йæ зондцух æмдзæхдонтæ та дзы лидзгæ фæкодтой; иннæмæй та
йын тæригъæд фæкодта: иунæг у, зыбыты иунæг!.. Ныр Сатана
кæд балæууа йæ фарсмæ, æндæр ын ничиуал ис... Нал ис нæ хуыз-
дæр ныфс Батырадз дæр!..
Дыккаг бон изæрæй ногæй æрæмбырд сты Сырдоны æмгæрт-
тæ æмæ дзурын райдыдтой сæ фæндиæгтæ.
Фыццаг бадзырдтой иу сæйраг хабарыл: алы хæдзарæн дæр
хъуамæ уа йæхи галуæрдон, цыппæрдзалхыг, æмæ иу цæд галтæ.
Уæрдоны гуыффæ фæндагыл уыдзæн хæдзары бæсты æмæ йæ
дзæбæх сифтонг хъæудзæн. Арв æмæ зæхх кæрæдзи куы хойой,
уæддæр дзы дон куыннæ ахъара, сабитæ уазалы куыннæ стых-
сой... Стæй йæ цæлхытæ дардвæндагыл куыннæ нызгьæлæнтæ
уой... Ацы хъуыддаг бакæнæд Армимаз, æххуысгæнджытæ равза-
рæд лæппутæй æмæ арæхстджын лæгтæй Сугъаримæ. Армимазы
бæрны ма бакодтой хæцæнгæрзтæ аразын дæр. Цыдæриддæр ма
сæм æфсæйнаджы гæппæл ис, иууылдæр хъуамæ фестой гæрзтæ —
цирхъытæ æмæ фаты бырынчъытæ. Фæсивæды гæрзтæй хæцы-
ныл та ахуыр кæндзæн Сугъар, аххуыс-иу ын кæндзысты Сырдон
æмæ Сагсур.
Сырдон ма сын иу ног катай бафтыдта сæ зæрдæйыл: фæнда-
гыл фос скъæрын æмæ хæссын иттæг зын у. Хæрынæн дзы кæй
дарæм, уыдон раздæр аргæвдæм æмæ сын сæ фыд схус кæнæм.
Фыдызгъæл ласын хъæудзæн, уый раст у, фæлæ йæ хизын нæ
хъæудзæн, мæллæг нæ кæндзæн, низ ыл нæ фæзындзæн, нæ фæн-
даггаг цæттæйæ цæудзæн немæ... Фæлæ иннæ фосмæ æвналæн
нæй, цалынмæ бынатмæ фæхæццæ уæм æмæ нæ уавæртæ баны-
майæм, уæдмæ... Дуцгæ фос — хъугæй, фысæй, ефсæй — иууыл-
дæр хъуамæ фæхæццæ уой нæ ног цæрæнуатмæ, науæд фæндагæй
фервæз, стæй дæ ног цæрæнуаты сыдæй амæл, уый æдылыдзинад
уаид... Бавæрын хъæудзæн тауинаг дæр... Фæндагыл сыдæй тых-
сын куы райдайой сабитæ, уæд тауинагмæ нæ фæлæудзысты сæ
ныййарджытæ, фæлæ йæ ам рахицæн кæнæм æмæ йæ хицæн уæр-
дæтты чырæ ласæд, куыд ничи йæ зона... Чырæйы хистæрæй та
бауромæм Сагсуры, уымæ ничи бауæнддзæн тыхæй исынмæ...
— Уæд сæ ласгæ та цæм кæныс дæ тауинæгты? Уæззау хъуы-
рæутты æвæрд сты æмæ сæ чи фæласдзæн, стæй æвзæр фæндæгтыл
хъуырæуттæ ныммур уыдзысты æмæ тауинаг дæр фесæфдзæн, —
амоны Алафарн.
— Раст зæгъыс, фæлæ мæм иу фæнд ис, — нæ сæтты Сырдон. —
Æз сбидзынæн цалдæр лæппуимæ æхсæр уисæй хъуырауы хуы-
зæн æвæрæнтæ, стæй уæрдæттыл æртыгæйттæй чи цæуа, ахæмтæ.
448
Мидæгæй сæ æлыгæй байсæрддзынæн, нæмыг дæр сæ куыд нæ
азгьæла... Цы сæ ис, уый дæр ничи зондзæн:
— Цы ма нæ рох кæны? — фæрсы йæхи Армимаз. — Мæн æмæ
Алафарны кусæнгæрзтæй ам дзæбуджы хъæдæн дæр уадзæн нæй,
бахъæудзысты нæ, цæрынвæнд кæм скæнæм, уым... Иу æфсæй-
наджы гæппæл дæр хъуамæ ма баззайа, уым кæд цы ссардзыс-
тæм... Хорз уаид, саргъы бæхтæ иудзæвгар куы самал кæниккам,
уæд... Исчи ныл йæ тых куы ’взара, уæд иу бæхджын хæстон
фондз фистæджы бæрц у... Исты нæ къухы бафта, Сугьар?..
— Фенон, æрбæрджытæ кæнон, хъуамæ бафта иу-сæдæйы бæрц
уæддæр. Бахъуыды бон уыдон дæр цъус нæ уыдзысты...
— Хорз уаид бæргæ! — бæллы Сырдон дæр, фæлæ йæ нæ уыр-
ны, ам цы нæртон адæм зайы, уыдонæй бæх рантыса, уый. Чи
цæуы, уыдон та бæх стæм дарынц...
Сæ фæндтæ нывæзт куы фесты, куы загътой, ныр сæ сæххæст
кæнын у сæйраг, уæд Алафарн зæрдиагæй бакуывта:
— Йæ, не сфæлдисæг, царды фæндтæ кæнæм, нæ сабиты мæ-
лæтæй бахизыны фæндтæ, æмæ нын сæ фæрæстмæ кæн!.. Рæстаг
адæм стæм æмæ нæ ма фесаф!..
* * *
Дыууæ мæйы сæ фæуынмæ аввахс сты æмæ Сырдон тыхсти.
Афтæ йæм касти, цыма бонтæ цæугæ нæ — кæрæдзийы сæрты
схъиудтытæ кæнынц. Æцæг, цы сфæндтæ кодтой, уыдон дзæбæх
цыдысты иууылдæр. Галтæ сæм дзæвгар сæмбырд, уæрдæттæ иннæ
ахæм, фæлæ сын ласинаг дæр бирæ цыдæртæ уыди. Бæхтæ сса-
рын дæр бафтыд сæ къухы: Сагсур бацамыдта Сугъар æмæ йæ
хæстон æмбæлттæн — фæсхох иу бæрзонд уæлвæзы хизынц кæй-
дæр бæхтæ, хъахъхъæнгæ дæр сæ ничи кæны, сæ хицæуттæ сæ
æдас ран æнхъæлынц æмæ сæ ратæрын зын нæ уыдзæн, стæй
иууылдæр саргъы бæхтæ сты, нард кæнынмæ!.. Сугъары æндæр
цы хъуыди — ныр иу къуырийы бæрц йæ лæппутæ бæхджын æфсад
баисты æмæ сæхи æууындзынц, сæ хистæр сæ ахуыр кæны уæлбæ-
хæй хæцын æмæ бæхыл хъазын... Иу хæрджыты къордта сын Алæ-
гатæ балæвар кодтой: мах никуыдæм лидзæм, дауджытæн сæ кувæг
адæм стæм, махмæ нæ лæбурынц! Хæрджытæ махæн — ницы, сы-
махæн — исты, уаргъ хæссынæн фæахъаз уыдзысты...
Йæхи æцæг нартыл чи нымадта, уыдон былысчъилæй кастыс-
ты Сырдоны æмбæлттæм æмæ дзырдтой сæ миднымæр: никуы-
дæм фæцæудзысты, сæхи нын буц кæнынц, æндæр!.. Не ’мсæр
куы уаиккой, уый сæ ’рфæнды!.. Мах дауджытыл дæр худгæ куы
29 Сырлопм цæссыгтæ
449
кæнæм, уæд нæхи æвзæрты не ’мсæр нымайæм?! Цæуæнт, ам хъæу-
гæ дæр ницæмæн кæнынц... Нæхæдæг ацы уæрæхы сæрибарæй
арвитдзыстæм нæ цард, уыдон та иу фæрныг астигъдзæн фæнда-
гыл, сæхи та сын цагъарæй акæндзæн æмæ йын хырхдзысты...
Райдыдта æмгъуыды фæстаг къуыри. Авд боны ма, стæй фæ-
ци!.. — уынгæг кодта Сырдоны зæрдæ. — Ахицæн уыдзынæн мæ
райгуырæн къуымæй, никуыуал фендзынæн мæ сабиты ингæн!..
Мæ цæуæнтæ, мæ хæтæнтыл кæрдæг схæцдзæн, мæ цæстæй дæр
сæ нал фендзынæн!.. Сырдон йæхи Урсдзыхимæ хъазыныл скод-
та: ацы тыхст æмæ куысты бонты мæ айрох æмæ тæригьæд у...
Стæй та дардвæндагыл мемæ уыдзæн, фæлæ мæ уымæ нал æвдæл-
дзæн, уый та мæныл тæвсдзæн...
— Хæрзизæртæ дыл цæуа, Гæтæджы бындар! — сдзырдта чи-
дæр Сырдонмæ æмæ йæ Сырдон базыдта — Уастырджи у! — Гæ-
тæджы фырт æй æрмæст уый хуыдта.
— Алы афон дæр хæрзамонд у, нæ фæндаджы сæр, æмæ дæ
рахиз бызыры аууон дар дæ иузæрдыг фæдонты! — фæцарæхст
Сырдон дзуапмæ.
— Арфæгонд у, дæхи фæдзæхсыс æмæ мæ базыр, хуры цæс-
тау, дæ сæрмæ уыдзæн дæ дард фæндагыл. Æрмæст дзы æмгъуыд
нал ис. Фæцис нæ рæстæг, афон у, тæккæ сом изæр, нæртон дуне
куы ’рфынæй уа, уæд уын цæугæ у... Се ’ппæты разæй цæудзынæ
дæхæдæг... Дæ сæрмæ тæхдзæн урс бæлон. Уындзынæ йæ æр-
мæст ды æмæ йæ фæдыл дардзынæ фæндаг боны цъæхтæм... Бон
æхсæвæй хицæн куы райдайа, уæд бæлон кæрдæджы малы аны-
гъуылдзæн æмæ йæ зон: æхсæвы балц фæци!.. Ныр балцы адæ-
мæн улæфгæ у, хуысгæ, фынæй, суанг талынгмæ! Стæй та рай-
дайдзæнуæ балц... Бирæзындзиндтæбавзардзыстут, фæлæ быхс,
хъæц, фидар лæуу, раст де ’ндон лæдзæгау!.. Бон уæ сæрмæ мигъ
баддзæн, æхсæв талынджы нæ зындзыстут Уазайы цъупмæ.. Иу
сæумæцъæхы бæлон кæрдæджы нал аныгъуылдзæн, фæлæ дæ
сæрмæ æртæ зылды æмæ иу цины хъыллист фæкæндзæн, уе ’ппæт
дæр кæй фехъусат, стæй йæхи фехсдзæн арвмæ æмæ айсæфдзæн
дыдзырухс тыгъдады... Уæд зон — фæци уæ балц! Уæ ног цæрæн-
бынатмæ æрхæццæ стут!.. Æмæ-иу дзы фæрнæй цæрут!.. Кæд ис-
куы мæ ном æрымысат, уæд хъусдзынæн уæ арфæтæм æмæ уæ
хъыджы никуы бацæудзынæн, кæд искæй хъыгдарæг æмæ тыхгæ-
нæг не суат, уæд... Уый дын мæ фæстаг фæдзæхст. Ныр хæрзи-
зæр рау æмæ сомизæр та — фæндараст!..
Уастырджи фæтары йæ арфæйы уæлвæд æмæ Сырдон джи-
хæй аззад... «Иу æхсæв æмæ ма иу бон нæртон зæххыл, стæй
хорзæй баззайут иууылдæр — а дунейыл кæй зыдтон, уыдон се
450
’ппæт дæр!.. Нæ хъæутæ, нæ уæлмæрд, нæ быдыр, нæ дон, иæ
хъæд, нæ хæхтæ... Иууылдæр!.. Ахицæн уыдзынæн уе ’ппæтæй
дæр... Никуыуал фендзынæн мæ мады зæнæджы дæр!.. Сом мæн
нал равдæлдзæн, алцы дæр хъуамæ мæхи цæстæй фенон, алцы
дæр мæхи уырзæй басгарон... А изæр ма фенон Уырызмæджы,
стæй Сатанайы дæр... Ныр сын а дунейыл мæнузæгъæг нал уы-
дзæн æмæ ма сæ иу уынд уæддæр фæкæнон... Басаста Сырдон йæ
зæрдæйы хъыг æмæ та бацыд йæ фыдæлты хæдзармæ. Бадгæ дæр
дзы, æцæг, не ’ркодта, фæлæ загъта: «Хорзæй баззайут, мæ хо
æмæ ме ’фсымæр! — Æз рæхджы мæ сæр хъуамæ фæсафон ацы
дунейæ... Рагæй дæр уын ницы ахъаз уыдтæн æмæ ныр ирвæзт
уыдзыстут мæнæй... Ныр зыбыты иунæг стут, мæнау, æмæ ма уын
уый зæгъын: хæсты быдырмæ ма рацæут, ничи уын фæуыдзæн
сæрыл хæцæг... Зонын æй, адзурдзыстут уæ тыхсты сахат Баты-
радзмæ, фæлæ уæм нæ фæзындзæн... Нал нын ис уый дæр!.. Зын
мын у, иунæгæй уæ кæй уадзын а-дунейыл, фæлæ адæм, æвæццæ-
гæн, иууылдæр иунæджытæ сты, сæ царды зынты дæр, сæ мæлæ-
ты раз дæр... Цы уын кæнон?.. Хорзæй баззайут!..»
«Фæндараст у, мæ мады зæнæг!» — сфæрæзта ма Уырызмæг
æмæ йæ цæстытæ донæй айдзаг сты. «Фæндараст у, ме ’фсымæр!» —
фыццаг хатт зæрдиагæй рахуыдта Сатана Сырдоны йе ’фсымæр.
Ныдздзынæзта Сырдоны зæрдæ сæ тæригъæдæй, фæлæ ницыуал
сдзырдта, æгомыгæй сын сæ къухтæ райста æмæ феддæдуар...
Уыцы ’хсæв Сырдон йе ’мгæртты нал абæрæг кодта: уадз æмæ
баулæфой, фæллад сты æмæ ма сæ ахсæв катайыл цы ’фтауон,
аразгæ ацы талынджы ницыуал скæндзысты... Сæумæцъæхæй
фестад, Уырсдзыхимæ Арпаданы уылæнты иу лæгæрст бакодта —
фæстаг хатт ма дæ хъыг дарын, Арпадан, ныр хорзæй баззай!
Никуы схицæн уыдзынæ мæ зæрдæйæ мæ адзалы бонмæ. «Хор-
зæй баззай, Арпадаан!» — ныхъхъæр кодта Сырдон æмæ йæ дзау-
матæ кæныныл фæци. Цæуын хъæуы! — йæ уæнгтæ батылдта
Сырдон æмæ рогвадæй араст йе ’мгæрттæм. Радзырдта сыи Уас-
тырджийы ныстуан, ахсæв сын цæугæ кæй у, æмæ уыдон дæр
фыццаг фенкъард сты — æнусмæ хицæн кæнынц сæ ныййарæг
уæзæгæй! — стæй та цин бакодтой — фæци сæ мæтæйдзаг æнхъæл-
мæгаст, ныр цæуыны цагъд кæнын хъæуы! Цы ма ис аразинаг,
уый абон, нæртон дуне куы ныссабыр уа, уæд та — цæугæ!..
Фæсахсæвæрты, нæртон хъæуты изæры цырæгътæ куы ахуыс-
сыдысты, уæд фæндаггон адæм æд уæрдæттæ æмбырд кæнын рай-
дыдтой Хæрисджын къохы фæзмæ, куывд кæм сарæзтой, уыр-
дæм. Ардыгæй тыгъд быдырмæ комкоммæ цыд иу фæндаг, стæй
уыд иппæрд ран, фынæй нартмæ уæрдоны хъинцъ дæр кæцæй нæ
451
фехъуыстаид, ахæм ран... Иууылдæр куы сæмбырд сты, уæд Сыр-
дон, Алафарн, Сагсур, Фæрныг, Армимаз æмæ Сугъар кæрæдзи
къухтæ райстой: ома афон у, райдайæм нæ балц! Сырдон арвмæ
скаст, йæ сæрмæ урс къуыбар фæзынд æмæ тæхын систа быдыр-
мæ. Сырдон бацин кодта йæ миднымæр: Уастырджи йæ дзырд
сæххæст кодта, цæуын афон у!.. Æргом та сдзырдта, йе ’мгæрттæ
йæ куыд хъуыстаиккой, афтæ:
— Гъе, Уастырджи, нæ сæрхъызой дæ æмæ нæ фæндараст
фæкæн!..
Бацыд Сырдон йæ уæрдоны размæ, дыууæ урс галы ифтыгъ-
дæй сынæр цæгъдынц. Ныр уыдон Сырдоны сты йæ балцы кæ-
ронмæ. Сæ ныхтыл сын йæ арм æрхаста, стæй Фатакуймæ сабыр
бадзырдта: «Мæ разæй цу, Урсдзых!..» æмæ галты сæрбосыл ахæ-
цыд размæ.
Райдыдта нæртон дзыллæйы цардагур балц. Райдыдта се стыр
фыдæвзарæн. Райдыдта уынгæгзæрдæ æмæ тызмæг æгомыгæй...
452
Æхсæзæм хабар
Фы^æвздрæны хуы^ьшы
I
Фыццаг æртæ боны адæм цыдысты сæ уæрдæтты разæй æмæ
сæ фæрсты. Ницы дзырдтой, цæуылдæр æнкъард æмæ æлхынцъæр-
фыг сагъæс кодтой, сабитæм дзырдтой ныллæг æмæ фæлмæст хъæ-
лæсæй. Куы сæ цæуын кодтой сæ цурты, куы сæ уæрдæттыл æвæрд-
той, куы фынæй кæнын. Сабитæ æмбæрстой, цæуылдæр мæсты
сты хистæртæ æмæ сæм фæстæмæ дзурæн нæй. Мадзурайæ арæз-
той, цы сын дзырдтой, уый, фæлæ æнхъæлмæ кастысты, кæд
фæуыдзæн ацы уынгæг рæстæг, сæ хистæртæ та раздæры хуызæн
кæд суыдзысты?..
Зыдта Сырдон дæр, адæм кæй тыхсынц æбæрæг фæндагыл,
кæдæм цæуынц, кæд фæхæццæ уыдзысты, уый дæр нæ зонынц,
афтæмæй. Фæлæ ницы дзырдта, никæмæ. Йæ миднымæр скарста:
уадз æмæ алчи дæр йæ балцы хъизæмары райдиан йæхæдæг бато-
нæд. Зыдта уый дæр, æмæ балцы лæг фыццаг, кæцæй рацыд, уыцы
хæдзарыл сагъæс кæны, стæй та — кæдæм фæхæццæ уыдзæн, ууыл.
Нырма алчи дæр йæ зæрдæйы мидæг хъуыды кæны йæ къæсыл,
йæ цæттæ хæдзарыл, йæ кæртыл.
Сырдон йæхæдæг дæр афæлмæцыд æртæ боны талынгæй, фæлæ
йæ нæ фæнды нырма бæстон æрулæфын, — адард, ахицæн уал
уæм нæ фыдыуæзæгæй, алчи дæр йæ бон базона — нал ис фæстæ-
мæ фæндаг, размæ цæугæ у, хуыздæр фадат дзы нал ис... Фæлæ
æртыккаг бон адæм куы ныххуыссыдысты фæлладæй æмæ та сыл
мигъы фæлм, урс æмæ пух-пухид хъæццулау, куы ныффæлдæхт,
уæд Сырдон иуахæмы фехъал æмæ йæ хуыссæг фæлыгъд. Каст
æдзынæгæй, йæ сæрмæ цы урс мигъвæлм уыд, уымæ æмæ сагъæс
кодта уый дæр, йе ’мбæлттау, йæ фыдыуæзæгыл... Æрмæст уымæн
йæ зæрдæ дзырдта, канд йæхи чысыл æмæ хибар къæсыл нæ, фæлæ
фыццаджыдæр уым, нæртон зæххыл цы адæм баззад, уыдонимæ —
453
цы бауыдзысты?.. Абон фæцис бардуæгты æмгъуыд, æмæ кæд
райдыдта, цы фыдбылызæй лидзынц æмæхсæвæджы, уый?.. Цы
кæна, куыд базона исты бæрæг?..
Афæнд кодта Сырдон: мигъы фæлм искуы фæуд кæндзæн æмæ
уырдæм куы фæцæуид, уæд исты фенид. Нырма Уазайы къуыпп
дзæбæх зындзæн, тынг дзы нæма адард сты æмæ зындзæн... Фæлæ
мигъ кæм фæуд кæны, цы бæрæг и?.. Бон фæци, рæхджы сыстын
хъæудзæн, дарддæр цæуын талынджы æмæ уæдмæ фæхæццæ уы-
дзæн акæсæн бынатмæ, стæй фæстæмæ æрбаздæхдзæн?.. Нæй,
адæмæн афтæ уадзгæ нæу, сæ разæй мæ куы нæ уыной, уæд сды-
гъуырццæг уыдзысты...
Сырдон сыстад, адæмæй иуварс ацыд мигъы, стæй цъиусур
фестад æмæ йæхи хæрдмæ фехста, мигъвæлмы фæцавта йæ сæр
æмæ чысыл фæстæдæр сгæпп ласта урс хæццулы бынæй, дæлхур
дунемæ. Хур, æцæг аныгуылд, фæлæ нырма цæст дзæбæх уыдта.
Дардæй йæм разынди Уазайы цъупп дæр, фæлæ хæрæмигьтæй
æнгом тыхт. Сырдонмæ афтæ фæкаст, цыма сау мигъы лæтæртæ
гуылф кæнынц Уазайы алыварс, кæрæдзи æууæрдынц æмæ æвзо-
нынц, Арпаданы уылæнтæ ивылды рæстæджы куыд фæкæнынц,
афтæ... Цыдæр тасы райдиан фæкаст Сырдонмæ ацы ныв. Цал-
дæр зылды ма æркодта мигъвæлмы бæзджын æмæ дæргъæццон
дзылары сæрты — йæ цæст хаста дæрдтыл æмæ æввæхсты — дзæгъæл-
дзутæ ма бафтой сæ фæдыл!.. — стæй йæ цæстытыл ауадысты
æрвæрттывды къæдз-мæдзы цæхæрзынг кæлмытæ, йæ хъусты
ныццараудтой арвы æвирхъау цæлхъытæ æмæ Сырдоны зæрдæ
нырдиаг кодта: райдыдта фыдбылыз!.. Фесхъиудта Сырдон, но-
джы уæлдæр стахт æмæ дзагъырдзæстæй каст Уазайы хæрам мигъты
тымбылтæм, арвы тæссаг цæлхъытæм æмæ цъæх арты æрттивæн-
тæм... «Цæуын хъæуы дарддæр, ацы фыдбылызæй дарддæр! Адæ-
мы кæнын хъæуы иппæрд ранмæ!..» — адæргæй фæдис кæны
Сырдоны хъуыды æмæ уый дæр йæхи раппæрста бынмæ, мигъы
урс фæлммæ, фынæй адæммæ. Сырдон та йæхи хуызы бацыд æмæ
æнкъардæй араст фынæй адæмы, æнцой уæрдæтты, хуысгæ галты
иувæрсты, фæлæ йæм иу ран чидæр ныллæг хъæлæсæй фæдзырдта:
— Сырдон, кæдæм араст дæ, æви дæу дæр хуыссæг нал ахсы? —
Алафарны хъæлæс! — базыдта æмæ бацин кодта Сырдон. Фæзылд
æмæ йæм хæстæг куы бацыд, уæд æм бахудт йæ мидбылты:
— Дæ изæр хорз! — йæ къух ын райста æмæ йыл йæ цæст
æрхаста. Фæллад æмæ æнтъыснæг уыд Алафарн, фæлæ уый та
Сырдоны цæсгомыл уыдта цыдæр ног катай, фæлæ йæ бафæрсын
нæ фæндыд: кæд исты тас, уæд æй йæхæдæг дзурдзæн... Сырдон
та йын йæхи фæрсынмæ фæци, къахæгау:
454
— Нæ ахсы мæн, æгуыст хъуыраугæсы, хуыссæг, фæлæ ды
куыд раджы фæгæпп кодтай? Æз мæнæ мæхи аирхæфстон бы-
дырмæ, кæд дзы, зæгъын, ног кæрдæг уæддæр фенин...
— Кæрдæг, уый хорз у, фæлæ, зæгъын, кæд хуыздæр фæндаг
базонын дæ зæрды уыд, — Алафарн сæ фæндаджы коймæ здахы
ныхас.
— Фæндаг нын амынд у æмæ йыл кæд фæцæуиккам нæ нысан-
мæ. Нæ фæндагсæр æууæнчы лæг у, зоны бæстæтæ, æз та ам ни-
куы уыдтæн, цæй фæндаг дзы зонын, — басаст Сырдон æмæ Ала-
фарн базыдта, йæ катай фæндаг нæ уыд.
Арвы цæлхъытæ тынгдæр хъуысын райдыдтой æмæ дыууæ
æмгары дæр сæ цæсгæмттæ сæ фыдыуæзæгмæ фæзылдтой — уыр-
дыгæй цыдысты гæрæхтæ. Иу дзæвгар ницы дзырдтой, æмырæй
хъуыстой арвы гæрæхтæм. Зынгæ сæм ницы кодта, фæлæ зæр-
дæйæ зыдтой: ахæм нæрды фæстæ тыгъдызæй рацæуы æмæ бæс-
тæ ныххафы. Зыдтой уый дæр, æмæ æнафоны æрвнæрд кæй у, æмæ
уый бардуæгты фыдвæндæй кæй уыдзæн, — ома тæрсут, нарт, тæр-
сут!.. Махæн æппæт дæр нæ бон у, æрвнæрынгæнæг не ’вварс у!..
— Хæрзæбоны æрвнæрд нæу ацафон... — ныллæг хъæлæсæй
бакодта Алафарн.
— Нæу, ай-гъайдæр... Нæу, — сразы Сырдон. — Хорз у, æмæ
йæ ихуарæнтæй мах нæ сæр райстам... Фæлæ уым чи баззад, уыдон
цы кæндзысты?.. Стæй мах дæр цыма ноджы дарддæр цæуын
хъæуы?.. Уыныс, мигъ йæхи исын райдыдта, æхсæвы тар уылæн-
тæ кæны быдыры тыгъды... Цæуын хъæуы... Æз цæуон, нырма
дард ауайын хъæуы мæ уæрдонмæ, стæй уæрдоны хъинц куы
фæцæуа, уæд ды дæр мæ фæдыл ратул, уæдмæ та сабиты истæ-
мæйты барæвдаут, нæма сахуыр сты бон фынæй кæнын, æхсæв
фæндагыл цæуын, æмæ тæригъæд сты...
— Хорз, фыййæутты æмæ хъуыраугæсты раздзог, хорз... Цæу-
дзыстæм дæ фæдыл — æнæбары бакодта Алафарн æмæ фæзылд
иуварс. Сырдон ацыд дарддæр. Зæрдæ цæмæй бавæрдтаид йе ’мга-
рæн, уый нæ зыдта æмæ ацыд. Бахæццæ йæ уæрдонмæ, галты
сыстын кодта ’мæ сæ баивтыгъта уæрдоны, æрсæрфта сын йæ ар-
мæй сæ фæтæн ныхтæ æмæ араст йæ фæндагыл. Фæкаст арвмæ
æмæ федта, урс бæлон зилахар кæны йæ сæрмæ, стæй йæ цæугæ
куы федта, уæд æмраст атахт размæ. «Гъе, Уастырджи, кæм дæ,
фæндаджы раст нын радт!..» — скуывта йæ миднымæр Сырдон
æмæ йæ зæрдæ чысыл æрсабыр, кæд арвы гæрæхтæ æмæ æртти-
вынтæ не ’нцадысты, уæддæр. Ныр мигъы фæлмæй куы фæип-
пæрд сты фæндаггонтæ, уæд арв сæ сæрмæ нытталынг. Бæзджын
тары уæлейау кæмдæр тыбар-тыбур кодтой стъалытæ. Дардæй
455
бæлвырд хъуыстысты арвы тæссаг цæлхъытæ æмæ æвирхъау нæ-
рын. Æрвæрттывд-иу, карды комау, афаста арвы тыгъдад, цыма
чидæр мæстыйæ зылын-мылын гæрзытæ уагъта хус цармæй. Са-
битæ-иу фесхъиудтой гæрахмæ, сæ цæстытæ-иу æвиппайды ферт-
тывдæй акуырм сты æмæ-иу сæм уый фæстæ æхсæвы талынг но-
джы тæссагдæр фæкаст, — æмгуыдын, цæсты рухс дзы нæ хизы,
дæлдзæхæй тардæр!..
Лæппуты къорд, бæхджынтæ, хъахъхъæнæг æрдонг, цыдысты
фæсвæндæгтыл, уæрдæтты фæрсты æмæ иуахæмы Сырдонмæ
æрбаввахс сты. Сæ разæй цыди бæрзонд, стæвдтæарæзт барæг,
талынджы раст уæйыджы хуызæн. Ардагъуйы æфсымæры лæппу
ма уа? — ахъуыды кодта Сырдон. Уыцы уысм æм барæг хæрз
æввахс цыд фæци æмæ йæм Сырдон адзырдта:
— Лæппу, Цорæ кæд нæ дæ?
— Тæккæ дæр уый, раздзог! — барæг галты фарсмæ цæуæг
скодта йæхи. — Истæмæн хъæуы мæ сæр?..
— Хъæуы, мæ хур, хъæуы... Фæстейæ адæм куыд сты, тых-
сынц, мыййаг? — фæрсы Сырдон, кæд æй зоны — тыхсдзысты
сабитæ! — уæддæр.
— Цæуынц... Чи зоны, арвы гæрæхтæй тæрсынц, фæлæ цæ-
уынц, — бæлвырддæр исты зæгъын нæ фæнды барæджы æмæ Сыр-
дон бамбæрста, лæппу йæхæдæг дæр тыхсы, фæлæ йæ нæ хъæр
кæны. Сырдон афæнд кодта, адæмыл куы азилид, ныфсытæ сын
куы авæрид... Цæй ныфс, фæлæ йæ куы уыной, уæд сын æнцон-
дæр уыдзæн. Алафарн æмæ Армимазы дæр куы абæрæг кæнид.
— Цорæ, дæ бæх исты дугъон у?
— Хорз бæх у, æмбаргæ, — раппæлыд Цорæ.
— Уæдæ нæ бынæттæ баивæм. Ды мæнæ галты разæй цу, цæлх-
надæй иуварс ма ахиз, æндæр дзы ницы хъæуы. Дæ фæдыл цæу-
дзысты, æмбаргæ галтæ сты, æрмæст тагъд ма кæн, сæхи бар сæ
уадз. — Æз та фæстæмæ акæсон иучысыл, фæндагыл фæстейæ
цæуæгæн зындæр у...
— Фæстейæ зындæр у, раст зæгъыс, — æрхызт бæхæй Цорæ.
Радта идоны рохтæ Сырдонмæ, йæхæдæг сæрбос райста æмæ араст
надвæдыл.
Сырдон иуцъусдуг йæ фæрсты цыд, бæхы идадзæй ласта йæ
фæдыл, стæй Цорæ куы ацайдагъ галты разæй цæуын, уæд сгæпп
кодта бæхмæ æмæ йæ фæстæмæ фæзылдта. Талынджы нæ зындыс-
ты уæрдондзауты цæсгæмттæ. Дзургæ ничи ницы кодта æмæ сын
хъæлæсæй дæр базонæн нæ уыд, фæлæ Сырдон аивæй нымадта:
дыу’уиссæдз уæрдоны фæстæдæр дзы у Алафарн, стæй иу ахæм та
Ардагъуйы чырæ, уый фæстæ Фæсхъæуы чырæ Сугъары адæм,
456
сæ фæстæ Сагсур, Фæрныг, æппæты фæстæ Армимаз. Фæсивæд,
Сугъар сæ раздзог, афтæмæй иувæрсты цæуынц: иутæ фосы тæ-
рынц, иннæтæ сæ цæст дарынц алфамблай быдырмæ — мыййаг,
мскуы куы фæзыной æхсæвдзу адæм, цы нæ вæййы...
Сырдон цыд сабыргай, йæ цæст хаста уæрдæттыл, адæмыл.
Цæуынц, æмырæй, сабитæ дæр къахæй, галтæм æввахс... «Тæ-
ригъæд сты, цыма марды фæдыл цæуынц...» — хъуыды кæны
Сырдон, фæлæ сын цы йæ бон у?.. Алафарн кæм хъуамæ уа, уый
зæрдæаивæй ацагуырдта æмæ сдзырдта:
— Ам дæ цы, Алафарн? — дзуаппæнхъæл нæ уыд Сырдон,
фæлæ айхъуыста.
— Мæнæ дæн, мæнæ, цæмæй мын фæтарстæ, хæстæгдæр рацу, —
фæстеауæй æрбадзырдта Алафарн. Йæ хъæлæсы уагæй бæрæг
уыди: æхсызгон ын у, Сырдон æй кæй æрцагуырдта ацы æнтъыс-
нæг уавæры, уый.
— Куыд нæ дын тæрсон, уæд та дыл хъуырау рафæлдæхт æмæ
йæ быны фæндаггæрон баззадтæ, мæлдзыджы губаккау.
— Нæ йæ ныууадздзыстæм, Сырдон, нæ хъус æм дарæм! —
суæидыд чидæр, Сырдоны ныхасмæ йæ тас айсæфт.
— Æз дæр сымахыл мæ зæрдæ дарын, æндæра йæ мæ уæрдоны
гуыффæйыл ныббастаин, — дзуры Сырдон. — Фæлæ тæрсын, тыхс-
ты сахат уæ куы айрох уа, уымæн æй агурын...
— Куы ницы тыхсæм, Сырдон, нырма, — æрбаппæрста йæ ны-
хас æндæр чидæр. — Мæнæ сабитæ арвы хъæрæй тæрсынц, æн-
дæр махæн та циу, цæуын нæ зонæм æви.
— Арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы, — йæхи барæй хъæлдзæг
дары Сырдон, — стæй дард кæмдæр ис къæвда, махæн дзы ницы
тас у... Фæлæ æмырæй та цæмæн цæут, сабитæ дæр сымахмæ
кæсынц æмæ тæрсынц ацы талынджы...
— Заргæ дæр цæуыл кæнæм?.. — чидæр æнкъардæй йæхицæн
дзурæгау кæны.
— Заргæ, хорз лæг, иутæ сæ фырæфсæст æмæ фырхъалæй
кæнынц, — нал æм фæлæууыд Сырдон. — Мах уыдонæй не стæм...
Иннæтæ та — сæ зæрдæйы тас æмæ катай абырсынæн. Мах тæк-
кæ уыдонæй стæм, — уæндонæй нымайы Сырдон æмæ æнкъард
хъæлæс фæивта: — Гъе, кæд уый тыххæй, æндæр нæ цы заринаг
ис...
— Раст уый тыххæй, мæ хур, уый тыххæй, — нал басаста йæхи
Сырдон æмæ йæ хъуыдыйы ферттывта: зарын хъæуы, кой ницы
У, — дзырд зæрдæмæ дард у, зарæг — йæ тæккæ рæбын! — Ау, ам
зарын чи зоны, ахæм ничи ис?.. Алафарн, кæддæр нæртон балцы
зарæг дæ былы алгьыл куы хастай, ферох дæ æви?..
457
— Зарын та цы хъæуы, зæрдæ куы амона, уæд, — ныфсджы-
нæй сулæфыд æнкъард хъæлæсы хицау æмæ бахуыфыд, ома дзы
ам дæр зараг лæппу бæргæ ис, фæлæ...
Сырдон бæхæй æргæпп кодта æмæ Алафарны фарсмæ фæцæ-
уæг. Алафарн бамбæрста, Сырдон æй барæй зарын кæны, бæлц-
цон адæм сæ тасæй цæмæй фæиппæрд уой, æмæ бахуыфыд, стæй
тыхджын цъæхснаг хъæлæсæй систа зарæджы райдиан:
Уæ, уой, саджы лæппын мын хъуазы фæстæ, гъей!
Уæ, уой æмæ, хъуазы фæстæ!..
Уæ, уой, нарты фæсивæд афтæ куы бадзурынц:
Уæ, уой æмæ æгас дуне, дам, нæ хъазæн фæзтæ!..
Сырдон зæрдиагæй бахъырныдта зарæгæн. Рагæй кодтой ацы
зарæг нарты балцамонæг фæсивæд æмæ йæ иууылдæр зыдтой.
Сырдон нæ фæхатыд, сæ алыварс цалдæр лæджы куыд амбырд,
фæлæ сæ хъæлæстæ куы атыхстысты йæ хъырнæн фæлтæрыл,
уæд йæ зæрдæ барухс æмæ айста Алафарны амонæн фæлтæр:
Уæ, уой, хуры цсест кæсы Уазайы къуыппæй, гъей!
Уæ, уой æмæ, Уазайы къуыппæй!..
Уæ, уой нарты фæсивæд афтæ куы бадзурынц,
Ничи нæ тæрсы хæстæн й’азары гуыппæй!..
Æнкъардæй чи дзырдта Сырдонмæ, уый ныр фæци йæ цуры
лæуд æмæ фæтъæлланг кодта æвæджиауы рæсугъд æмæ тыхджын
хъæлæсæй:
Уæ, уой, саджы лæппын, дам, йæ хъуджы фæстæ, ей!
Уæ, уой æмæ йæ хъуджы фæстæ, ей!
Уæ, уой Нарты лæппутæ афтæ куы бадзурынц:
Уæ, уой, мыггагмæ уыдзæни нæ туджы хъæстæ!..
Алафарн та ногæй айста йæхимæ амонæн рад æмæ Сырдон загьта:
адон сæхæдæг зардзысты, ныр иннæтыл азилын хъæуы, Армимазмæ
хъуамæ фæхæццæ уон. Йæ цуры цы зараг лæг балæууыд, уый æр-
бахъæбыс кодта йæ рахиз цонгæй æмæ йын йæ хъусы баулæфыд:
«Бузныг, æфсымæр!» «Бузныг де ’рхъуыдыйæ, Сырдон, мæ зæр-
дæйы катай мын æцæг абырстай!» — сабыр æм бадзырдта уый дæр.
Сырдон рахицæн æмæ иудзæвгар къахæй фæцыд, бæхы йæ
фæдыл ласгæ. Алы ранæй йæм хъусын райдыдта зарæджы хъæ-
лæс. Чырæты астæумæ куы ахæццæ, уæд æм разæй, йæхи уæрдо-
ны цурæй æрбайхъуыст фæсивæды зарæг дæр. Айхъуыста Сыр-
дон, чи уыдзæн зарæджы хъæргæнæг, æмæ йæ хъус æрцахста
Цæлойы цъæхснаг æмæ цинæвдылд хъæлæс. «Хорз лæг дзы рацæу-
дзæн, удвидар у, цардбæллон, цырагъы фаркау, фæстаг æрхъис-
458
мæ цалынмæ басудза, уæдмæ йæ удæй арт цæгъддзæн... Ахæм
лæппутæн фесæфæн нæй!.. Чи уыд цымæ уыцы æнкъард хъæлæ-
сы хицау?.. Раст загъта йæ зарæджы: мыггагмæ уыдзæни нæ ту-
джы хъæстæ!.. Никуы фехъуыстон ацы ныхæстæ, æвæццæгæн,
йæхи зонды рафæлдисон сты... Диссаг, кæрæдзи куыд нæ зонæм...
Лæджы дзæбæх, дам, балцы бæрæг кæны, — раст загъдæуы...»
Бирæ нал хъуыд Сырдоны чырæты кæронмæ, афтæ хæрзæв-
вахсæй йæ хъусыл ауад сылгоймаджы зарæн хъæлæс:
Уый не ’хсин цы кодта, цымсе йыл цы ’рцыди, ей...
Уый йе ’ргъсеу хæдзары сембойны æрсенкъард, ей...
Æмбисонд æрбауа, цымæ йыл цы ’рцыди, ей...
Кæд, дам, сей æрхъуыди Сафайы хæрынкъа, ей!..
Диссаг, кæцæй йæ базыдтой?.. Нымадтон, мæ удæй дарддæр
æй ничи зоны. Аминæты хъæлæс цыма уыд... Бацæуон сæм, кæд
Сидахъæй дæр исты базонин. Сырдон йæ бæх чырæтимæ цæуæг
фæкодта æмæ, зарæг цы уæрдоны цурæй цыд, уырдæм куы ба-
хæццæ, уæд бафарста:
— Алæгон зарыд æви мæ мæ хъус фæсайдта?
— Куы ницы зарæм, Сырдон, — райгæ хъæлæсæй сдзырдта
Аминæт. — Лæгтæй нæм æввахс ничи цæуы æмæ мах дæр нæхи-
цæн хъуыр-хъуыр кæнæм...
— Цæмæн зæгъыс, дæ зарæг Уазайы къуыпмæ дæр цыма фе-
хъуысдзæн, афтæ мæм кæсы, фæлæ уæм лæгтæй ничи цæуы та
цæмæн зæгъут?..
— Уазамæ фехъуысдзæн, мæнæй ма, уырдыгæй рацыд ацы за-
рæг, — Аминæт фембæрста Сырдоны цъар ныхас æмæ йын схъæр
кодта, сусæг хабар уый дæр кæй зоны! — Лæгтæ та сæхи уæрдæт-
тыл сты æмæ нæм чи цæуа?.. Фæлæ мах дæр цæуын æмæ галтæ
скъæрын зонæм. Мæнæ ссæдз сидзæргæсы баистæм, бирæгъæй
дæр нæ тæрсæм æмæ арвы гæрæхтæй дæр!..
— Тæккæ сом уæм лæппуты хуыздæры уырдыглæууæгæн æр-
барвитдзынæн, æрмæст дзы хынджылæг кæнын ма сфæнд кæнут,
сымах æвзаггæлтæ стут, — ныфс æвæры Сырдон æмæ æппæлы
устытæй.
— Цонгæй нæ бон ницы у æмæ æвзагæй уæддæр архайæм, —
æрбадзырдта талынгæй æндæр ус. — Фæлæ уæддæр лæгæмбал
æвзæр нæ уаид...
— Уыдзæн, уыдзæн, — цæхгæр загъта Сырдон æмæ тæккæ уыцы
уысм фæцыд Сидахъы ныхас барæй бæзджын хъæлæсæй.
— Уый та чи загъта, лæгæмбал нын нæй? Мæнæн чызг æнхъæл
стут æви?!
459
— Сидахъ! — йæ цин нал баурæдта Сырдон. — Ды мæ айрох
дæ, æндæра сын æз лæгæмбал фенын кодтаин!.. Цахæм лæгæмбал
ма сæ хъæуы, и?..
— Цахæм цæ, нæ хистæр Бодзойы хуызæн: «Хуыцау баххуыс
кæн!.. Дæ риу — не знæгтæм, дæ фæстаг — махырдæм!..» Сфæз-
мыдта Сидахъ æмæ устытæ ныпыррыкк кодтой. Сырдон дæр ба-
худти æмæ йæ фæндиаг нал бамбæхста:
— Сидахъ, мæ лæппу, иугæр дæ лæгыл нæ нымайынц, уæд
семæ дæр мауал цу. Мæнæ мæ саргъмæ сгæпп кæн æмæ иумæ
цæудзыстæм. Райсом та фæстæмæ æрбацæудзынæ, куы дæ ’ры-
мысой, лæгъстæ дын куы райдайой, уæд...
Лæппу хæстæг бацыд Сырдонмæ, Сырдон æм йæ арм радта,
йæ уæлфад æм бадардта æмæ Сидахъ саргъыл фестад Сырдоны
хъæбысы.
— Хорзæй баззайут, Бодзойы чындзытæ! — бахъæр кодта усты-
тæм Сидахъ æмæ Сырдон йæ бæх фæзылдта, араст комкоммæ
Армимазмæ.
— Цы хабар у, цы дæ æрбахаста, æви дæ уæрдон нал тулы? —
хъазæн ныхасæй æвдисы йæ цин Армимаз.
— Дæуæн тарстæн, цæуын ахуыр нæ дæ æмæ искуы лæугæйæ
куы афынæй уай, талынджы нæ куы нæуал ссарай...
— Уæд мæ цурмæ рацу, бæхыл Сидахъ дæр хорз фидауы, —
сразы Армимаз.
Сырдон æрфистæг, идоны рохтæ Сидахъмæ радта æмæ уый сæ
фæрсты гъæйтт-мардзæ барæджы цыд систа. Армимаз Сырдонæн
иу бон баулæфыны кой æркодта, фæлæ уый не сразы. Загъта:
дыууæ боны ма бафæразæм, стæй дзæбæх баулæфдзыстæм, дон-
мæ фæндаг æввахсдæр кæм уа, ахæм ран. Сылгоймæгтæ сæ дзау-
мæттæ, сæ сабиты кæм ныхсой, ахæм ран. Къуыбырæй акастæн
знон æмæ суыдтон ахæм ран. Уым нæ уæрдæтты дæр æрбæрджы-
тæ кæндзыстæм... Уалынмæ фæндаггонты фæстæ цы фæсивæд
цыди, уыдонæй дæр зарæг æрбайхъуыст æмæ Армимазитæ хъусы-
ныл фесты. Бæрæг уыд, адæм фæхъæлдзæгдæр сты æмæ сæ айрох
фæндаджы зын дæр, арвы нæрын дæр æмæ æдзæм талынг дæр...
— Уый хорз æрымысыдтæ, — сындæггай дзуры Армимаз. — За-
рæг ахæм ран хъæуы, фынджы уæлхъус Хуагом дæр базардзæн...
— Зарын Алафарнитæ райдыдтой, æз сын æрмæст хъырнгæ
бакодтон, — фæкъæмдзæстыг Сырдон.
— Гъе, æмæ хорз, хъырнæг дæр хъæуы зарæджы, — бамбæрста
Армимаз Сырдоны къæмдзæстыг æмæ йæм ницыуал сдзырдта. —
Фæлæ ам æз фаг дæн, фæстейæ никæй ныууадздзынæн. Разæй та
дæ сæр тынгдæр хъæуы æмæ афардæг у.
460
— Цæуын, Куырдалæгон, цæуын. Дæ цуры мæ нæ уадзыс æмæ
цæуын, — хъазæн буцтæ кæны Сырдон, стæй саргъмæ схызт. —
Хæрзæхсæв!..
Сырдон комкоммæ ацыд йæ уæрдонмæ. Раивта Цорæйы æмæ
та фистæгæй араст галты разæй рыг фæндагыл. Æцæг, уæлдæф
æрумæл æмæ рыг нал стад. Иуцасдæр фæцыдысты Сидахъимæ.
Сырдон ын хæцыд йæ рахиз армыл, хъарм ын æй кодта йæ армы
дзыхъхъы, æмæ уымæй рæвдыдта йæ зæрдæ, цыма уарийы базы-
ры кæрон уыд йæ армытъæпæны. Цыдæр æхцон цыди лæппын
маргъы базырæй Сырдоны уæнгтæм æмæ нал уыдис талынг, нал
уыдис тас, æрмæст ма уыд иу хъынцъым: кæд сабийæн уазал у
æмæ йæ нæ хъæр кæны? Ныр Сырдон нал кæсы æрвон стъалы-
тæм, сабийы цæстытæ йæм куы ферттивынц талынджы, уæд ын
дуне иууылдæр барухс кæнынц... Æмæ цæуы Сырдон зæрдæрайæ,
æвæллайгæ. Æцæг, бонырдæм, Сидахъы уæрдоны сбадын кодта,
хъармдарæнты йæ батыхта, ома кæд афынæй уаид.
Сидахъ фыццаг каст æхсæвы талынгмæ, афтæ йæм зынд, цыма
тулынц кæдæмдæр тыгъд быдыры, талынг малы, кæсаджы цъин-
гуыртау — хуыдымы. Бæрзонд арв æмæ бæзджын тармæ кæсынæй
уайтагъд афæлмæцыд æмæ куы схъарм, уæд ыл хуыссæг фæтых.
Дуне æрсабыр, æрныллæг арв, саби арæдзæ-мæдзæ кодта æмæ
афынæй.
Талынджы цæст дзæбæх уынын куы райдыдта, уæд та урс бæлон
кæрдæджы аныгъуылд æмæ Сырдон æрурæдта уæрдон, галты
суагъта æфсондзæй æмæ сын кæрдæджы муртæ баппæрста, фаг
уал сын у, стæй та хизгæ дæр ракæндзысты... Мигъы фæлм ног
æрæмбæрзта бæлццæтты æмæ та адæм ныссабыр, ныффынæй сты.
Сырдон дæр йæхи æруагъта Сидахъы фарсмæ æмæ афынæй.
* * *
Æхсæз æхсæвы фæцыдысты адæм уыцы иугъæдон фæндагыл.
Сæ хæрд дæр — иууыл кæрдзыны къæбæр æмæ цыхты мур. Сфæл-
мæцыдысты æмæ Сырдон загъта: ныр улæфгæ у!.. Дон æввахс,
уадз æмæ хъарм хæринаг исты сфыцой, фыстæй дæр æргæвдын
хъæуы, айдагъ кæрдзыны мурæй лæг æдых кæны, уæлдайдæр са-
битæ... Уадз æмæ сæхи ныхсой, сæ фадбарц бадзæбæхтæ кæной,
галтæ дæр баулæфой, фæззыгон кæрдæджы тых нæй, фæлæ уæд-
дæр фæхиздзысты æмæ сæ фæллад ссæудзæн.
Адæм фæфынæй кодтой, цалынмæ хур не ’рæндæвта мигъы
фæлмæй, уæдмæ, стæй сыстадысты æмæ райдыдтой сæ митæ кæ-
нын боны рухсмæ, иугæр ахсæв никуыдæм цæуынц, уæд сын рæс-
461
тæг ис æмæ уал фыццаг хæринаг аразынмæ бавнæлдтой. Лæппутæ
доны был ссардтой хæрисы хуыскъ бæлæстæ, æрлыгтæ сæ кодтой,
уæрдæтты цурты æртытæ бандзæрстой. Дон уыд рæсуг æмæ хæр-
зад, æмæ дзы хастой, хæринаг арæзтой, сæ дзауматæ æхсадтой,
сæхи та изæры æрæхсдзысты, куы фæталынг уа, уæд... Армимаз
æмæ Сырдонитæ зылдысты уæрдæттыл æмæ галтыл. Уыдтой, бæ-
рæг кодтой — кæд ницы асаст, кæд галты бæрзæйтæ нæ фехæлдыс-
ты, кæд уæрдæтты æмбæрзæнтæ хуынчъытæ не сты æмæ сабитæ
уазалы нæ тыхсынц... Нырма сын ницы уыд, фæлæ æртæ мæйы
фæндаг уæрдæттæй бирæтæ нæ бауромдзысты, галтæ дæр афтæ.
Адæм, чи зоны, фæбыхсой, фæлæ уыдонæй дæр уыдзæн хъуыр-
хъуыргæнджытæ: кæдæм нæ кодтат сæфты фæндагыл, фæлтау нæ
хæдзæртты амардаиккам, куыйтау ма нæ мард дардмæ цы хæс-
сæм!.. Армимаз дзырдта ацы тасы сагъæстæ Сырдонæн æмæ уый
æнæбары худт кодта: раст у дæ хъуыды, фæлæ ныл хуыздæр бон
нæй æмæ быхсæм, стæй искуы хъæууат куы ссарæм, уæд та кæд
æрсабыр уаиккой адæм дæр...
Уыцы ’хсæв адæм дзæбæх фæулæфыдысты æмæ фæцардхуыз,
фæхъæлдзæгдæр сты дыккаг бон. Фæцахуыр сты сæ ног цæрæн
бынатыл дæр, базыдтой донмæ, хæристæм фæндаг æмæ алчидæр
архайдта — фæцырд уа, фæцарæхса, искæмæ æнхъæлмæгæс ма
уа. Сырдон дæр араст Сидахъимæ хæристæм. Доны был иу ран
задис хъæз. Сырдон дзы иу слыг кодта, архæй архмæ ивазны ’рдæг
уыд æмæ дзы уадындз аразын ’рымысыд. Уадындзы хъæлæс ра-
зынд бæзджын æмæ гуымир, фæлæ бæрзонд. Сидахъ бацымыдис:
— Баба, — Сидахъ хицæнæй Сырдоны «баба» хуыдта, адæмы
цур та Сырдон, — зæгъæм, æнæхъæн бæласæй сараз уадындз, уæд
тынгдæр нæ хъæр кæнид?..
— Хъæзы зæнг архæй архы ’хсæн у афтид, стæй — æхгæд къул,
æмæ дзы куыд улæфыс?.. Æнæарх куы уаид, уæд бæргæ...
Бирæ фæзылдис Сырдон донбылты, хæристы ’хсæнты, æмæ
æрмæст иу ран федта фæдæгъды къутæр. Уый астæу разынд иу
æмраст тала, æнæкъалиу, æнæарх. Ай, чи зоны, сбæзза, — загъта
Сырдон æмæ йæ быныл арæхстгай ракодта. Лæгæй иу æрмæрин
бæрзонддæр, — хъуамæ тынг хъæр кæна. Уырдыгæй Сырдон ком-
коммæ Армимазмæ бараст, кæд æм исты æфсæйнаг къахæн уаид.
Армимаз сын æй уайтагъд цæртхуынкъ фæкодта æмæ уæд Сырдон
райдыдта фæдæгъдаг хъил лæгъзытæ æмæ хафын. Стæй йын йæ
хъæлæсы цыдæртæ нытъыста, æмæ дзы фæстагмæ иу тыхджын
улæфт ныккодта... Фæцыди рæхуыст галы богъ æмæ Армимаз
фесхъиудта:
— Ард дæ макуы бацæуа, кæд цавæр богъ у, мæ уд алиуырдта!..
462
— Мæн дæр раст уый фæндыд, — худы Сырдон. — Бахъæу-
дзæн æз æмæ Сидахъы! Æццæй нæ? — Сидахъ йæ сæр батылдта
æмæ йын Сырдон йæ къухыл рахæцыд. — Цæуæм, ныр богътæ
нæхимæ кæндзыстæм.
Сырдон Сидахъы йæ мадмæ бакодта æмæ йæхæдæг араст йæ
уæрдонмæ. Уасæн, — афтæ рахуыдта йæ уадындз, — баппæрста
уæрдоны къуымы æмæ йæхи цæттæ кæнын райдыдта æхсæвы
фæндагмæ.
* * *
Дыккаг мæйы кæронмæ аввахс, фæлæ нырма сæ балцы фæу-
дæй ницы бæрæг уыд. Æцæг, цæуыныл фæцахуыр сты. Ныр
улæфгæ дæр арæхдæр кодтой æмæ уый бæрц нал фæлмæцыдыс-
ты. Сырдоны тыхсын кодта æрмæст иу хъуыддаг: кæдæм цæуы
ацы фæндаг? Дон стырæй стырдæр кæны æмæ кæдæм цæуы?
Искуы ног фурдмæ куы ныффардæг уæм, уæд йæ сæрты куыд
ахиздзыстæм?..
Иу улæфты бон, адæм сæ митыл куы фесты, уæд Сырдон ра-
цыд мигъы кæронмæ, зæрватыкк фестад æмæ йæхи ауагъта дон-
дон фæндаджы сæрты. Бирæ фæтахт, стæй уæд суыдта, цæмæй
тарст, уыцы ныв — дон стырдæр фурдмæ кæлы æмæ бæлццон адæм
цæуынц комкоммæ дыууæ доны астæу къуыммæ. Дæттæй сæ иуы
сæрты дæр ахизæн нæй бæхджынæн дæр... Хидæн та йæ кой дæр
нæй!.. Кæдæм ма фæцыдæуа?.. — ныккæрзыдта Сырдоны хъуы-
ды. Чи зоны, стыр доны сæрты уæлдæр искуы ис ахизæн? — ны-
майы Сырдон æмæ хæхты ’рдæм дон-дон тæхын систа. Ферох
дзы, фæстæмæ йæ здæхын кæй хъæуы, кæй йæ агурдзысты, бæр-
зонд стахт æмæ йæ ных сарæзта, дон хæхтæй кæм хицæн кодта,
уырдæм. Рухс ма уыд, афтæ бахæццæ уырдæм дæр, фæлæ йæ
зæрдæ ницæмæй барухс. Уым тæнæгдæр уыд дон, фæлæ дзы уæр-
дæттæ нæ ахиздзысты æмæ цы кæндзысты?.. Чи зоны, бæлæстæй
ис дондзæуæн бæстытæ саразæн, уæрдæттæ сæвæрæн дæр сыл
куыд уа, галтæ æмæ бæхтæ сæхæдæг ахиздзысты... Мардæрцыд
у, фæлæ дзы æндæр цы хос и?..
Æнкъард æмæ тыхстæй ратахт Сырдон фæстæмæ. Æризæр ыл,
фæлæ ууыл нæ тыхст. Адæм абон фынæй кодтой, ахсæв та — улæф-
гæ. Кæд æй агурой, уæддæр сом фæсаходæн, æмæ уæдмæ хæццæ
кæндзæн.
Сырдон фырфæлладæй йæхи хуызы бацыд фæсаходæн æмæ
комкоммæ бараст йæ уæрдонмæ — аулæфын хъæуы, ахсæв та цæу-
гæ у... Æвиппайды афынæй æмæ æвиппайды фехъал изæрмилты.
463
Цыма йæм исчи бадзырдта: афон у! Сыстад æмæ та араст адæмы
разæй йе ’нæрайы фæндагыл...
Æртæ боны ма фæцыдысты æмæ сын стыр доны былмæ иу
бонцыд куы баззад, уæд хъахъхъæнæг лæппутæ тарстхуызæй ба-
цыдысты Сырдоны уæрдонмæ æртæйæ: Цорæ, Цæлой æмæ Бор-
сæ. Ныр уыдон уыдысты Сугъары хуыздæр æххуысгæнджытæ.
Сæ цæсгæмттæ тызмæг æмæ æрхуымæй Сырдон базыдта, цыдæр
æрцыд, фæлæ сæ барæй нæ фарста: сæхæдæг радзурæнт æмæ сæ
катай басæттой. Ницы дзырдтой, фæлæ сæм уалынмæ æрбацыдысты
ноджы дыууæйæ — хæстон арæзт, фистæг хæстонтæ — Сугъары
лæппу Базыр æмæ Фæрныджы лæппу Хæмæт. Цорæитæн цыма
фенцондæр, уыйау бахудæзмæл сты, фæлæ цæмæн, уый нæ бам-
бæрста Сырдон. Лæппутæ батыгуыр сты уырдыг лæугæ, стæй
Хæмæт иу къахдзæф ракодта. Æвиппайды йæ цæсгом сæнцъылд-
тытæ æмæ Фæрныджы хуызæн фестад. Йæ былтæ аууылдта, йæ
зачъе æрдаудта, йæ фындзæй сфуттытæ кодта æмæ афтæ зæгъы:
— Йед у, Сырдон, мæнæ йед... Абон лæппутæ федтой... Мигъ-
вæлмы бынæй кастысты æмæ федтой... Мæнæ йед... Иу-дыууис-
сæдз барæджы фæндагыл нæ фæдмæ кастысты æмæ цыдæртæ
дзырдтой... Дзæгъæлдзутæ сты, æндæра цы агурынц тыгъд быды-
ры ацафон æнæхъæн дзугæй?.. Йед у, исты сын куы рымысик-
кам, куы сæм фæразæй уаиккам, науæд мах фæндагыл стæм —
фос, сывæллæттæ, уæрдæттæ... Гъе уый тыххæй æрбацыдыстæм,
æндæра, йед у, тæрсгæ нæ кæнæм...
Хæмæт фæстмæ алæууыд йе ’мгæртты рæнхъмæ æмæ Сырдон,
йæ мидбылты худгæ, раарфæ кодта лæппутæн:
— Бузныг, нæ хорз хæстонтæ, фыццаг цырддзаст кæй стут,
уымæй, дыккаг та тæрсгæ кæй нæ кæнут, уымæй. Тæрсгæ чи фæ-
кæны, уый кæугæ-нæтгæ фæдзуры ахæм фыдбылызы хабар, сы-
мах та худгæ-хъазгæ ракодтат уæ ныхас. Бузныг! Ныр у, æмæ
мын фæдзурут Алафарн, Армимаз æмæ Сугъармæ, æви уыдон зо-
нынц хъуыддаг?.. Сугъар уæ рарвыста? Гъе, æмæ хорз, фæдзу-
рут сæм æмæ уæхæдæг дæр рацæут... Æниу мæнæ барджытæ ауа-
йæнт, фистæджытæ уал фæгæдзæ кæнæнт ам, мæ цуры.
Базыр æмæ Хæмæт баззадысты, иннæтæ ацыдысты.
— Уынгæ сæ чи фæкодта?
— Не ’ппæт дæр, Цорæитæ æмæ мах, Базыримæ.
— Цал уыдзысты?
— Æссæдз кæнæ дыууиссæдзы, кæд ма сын искуы æмбæлттæ
нæй, уæд.
— Фæндаг-фæндаг цæуынц æви?
— Иу чысыл рауадысты нæ фæдыл, стæй фездæхтой фæсвæд,
464
быдыры ’рдæм. Цæмæн, бæрæг нæй. Сугъар сæм йæ цæст дары,
йæхæдæг уымæн нæ рацыд.
— Базыр, куыд у, ацы фыййау цирхъæй арæхсы?
— Цæуылнæ, цъыччытæ кæнын зоны. Стæй фыййауæн йæ фос
йæ цуры, зæгъгæ, уæд цъиуджын карк фесты, цæргæсыл дæр йæхи
иыздухы!..
— Раст дзурыс, мæ мад-мæ фыдыстæн, фæлæ йед у... — Нырта
Сырдон фæзмы Бурæфæрныджы. — Абон мах иууылдæр цъиу-
джын кæрчытæ стæм æмæ цæргæсæн дæр хъуамæ йæ пакъуы ацæгъ-
дæм... Дыууиссæдз барæджы махæн ницыхъом сты, — фæхъуы-
дыйыл Сырдон, фæзмын дзы айрох. — Фæлæ тыхæй нæ, хинæй
архайгæ у, махæн алы лæг дæр армы ’нгуылдзтæй иу у...
Æрбацыдысты Алафарн, Армимаз, Сугъар æмæ æртæ лæппуйы.
Сырдон хистæртæн сæ къухтæ райста, стæй загъта:
— Сугъар, лæппутæ уал ацæуæнт æмæ кæсæнт цырддзæстæй.
Иугæр нæ фæдыл нæ рацыдысты, уæд сæм ам æввахс æхсæвиуат
кæныны зæрдæ ис, стæй уæд бонæй лæбурдзысты... Уæдмæ та
мах дæр исты фæндтæ кæндзыстæм. Чи зоны ма æндæр искæмæ
дæр æнхъæлмæ кæсынц.
Лæппутæ ацыдысты æмæ уæд хистæртæ фæндтæ райдыдтой.
Се ’ппæтмæ дæр уыд иу хьуыды: ахæм тыхгæнджытæ иу боны
’мгъуыдмæ нæ рацæуынц, агургæ сæ нæ кæндзысты!.. Ардыгæй
сын уадзæн нæй, иуæн дæр, науæд æндæрты æрбакæндзысты, бирæ
фылдæрæй, æмæ нын уæд зындæр уыдзæн, — тыгъд быдыр, саби-
тæ, фос, уæрдæттæм басты хуызæн хæстонтæ...
Сырдон дæр афтæ нымадта, фæлæ ма йæ зæрды уыд иу бæл-
вырд хъуыддаг бакæнын, ныр æхсæв у æмæ дард нæ фæцæудзыс-
ты, искуы иу лæнчы арты фарсмæ сæхи бакъул кæндзысты, бæх-
тæ та æд сахсæнтæ — хизгæ... Цалдæр хъаггæнæджы фатæй æн-
цон акъуырæн сты, иннæтæ кæд фынæй уой, уæд нал сыстдзысты,
науæддæр сæ бæхтæй фæхицæн хъæуы, стæй нын уæд фистæгæй
нæ аирвæздзысты... Сугъар, нæ дыууæ фаг стæм ацы хъуыддагæн
дæ лæппутимæ... Алафарнитæ та ам уæнт, адæмы цур. Нæ хæсты
хабар адæм зонгæ дæр куыд нæ бакæной, Уастырджийы фæрцы
ныл уды зиан кæд не ’рцæуа, уæд...
Сырдоны нымад фæраст: дзæгъæлдзутæ иу къуырфы, стыр арты
алыварс фынæй кодтой. Сырдон, Сугъар æмæ лæппу хæстонтæ
сæ алыварс æртыхстысты, хъаггæнджыты фаттæй бахстой, иннæ-
ты та цирхъытæй æркъуыхтæ кодтой. Фынæй тыхгæнджытæ ницы
фæцарæхстысты æмæ Сугъаритæ æвыдæй баззадысты. Мæрдты
иу хуыскъададжы фæдæлсыджыт кодтой, сæхæдæг ратындзыдтой —
æрæхсæв æмæ цæуын хъуыд дарддæр...
30 Сырдоны цæссыгтæ
465
Сифтыгъта йæ галты Сырдон æмæ æнкъардæй араст Фатакуи-
мæ стыр доны былмæ. Æнкъард уыд: нæ зыдта, цы зæгъдзæн адæ-
мæн, уыцы егъау фурдыл ахизæн куы нæй, уæд?.. Кæдæм ма сæ
фæкæндзæн?.. Æрхæндæг у Сырдоны хъуыды, тыхст у йæ зæрдæ
æмæ йæм рухсы цъыртт никуыцæй кæсы... Фатакуй уый хаты, йæ
хицау ыл æгæр кæй узæлы, уымæй, æмæ уый дæр нынкъард.
Дымæгуагъдæй цæуы йæ цурты фæлмæн рыгыл. Хатт фæстæмæ
фæкæсы, ома галтæ куыд сты, æмæ уæд йæ уазал фындзыл аны-
дзæвы галы хъарм комы тæф... Æхсызгон у уый Фатакуйæн, фæлæ
йын афтæмæй цæуæн нæй æмæ Фатакуй æвæндонæй йæ сæр раз-
мæ азилы...
Фæцыдысты æнæхъæн æхсæв, стæй та боны цъæхтыл урс бæ-
лон йæ сæр кæрдæджы куы фæтъыста, уæд та Сырдон æрурæдта
галты, суагъта сæ хизынмæ æмæ, Фатакуйæн дæр ницы загъта,
афтæмæй ныххуыссыд: райсом ын иууыл зындæр бон æркæндзæн
æмæ баулæфын хъæуы...
Сырдон куы райхъал, уæд тæнæг мигъвæлмæй хур дзæбæх æн-
дæвта. Цæст уыдта дардмæ дæр æмæ Сырдон базыдта, адæм иууыл-
дæр фендзысты — дыууæ доны саджилы бахаудтой æмæ дзы иуыл
дæр ахизæн кæй нæй... Цы зæгъдзысты æмæ цы кæндзыстæм?..
Сырдон рацыд уæрдоны цурæй, галтыл йæ цæст ахаста. Уыдон
уæдмæ бафсæстысты æмæ сæ фæллад уагътой. Фатакуй дæр сæ
цуры хуыссыд æмæ æихъæлмæ каст — кæд æм сдзурдзæн Сырдон.
— Цом, Урсдзых, донбылмæ. Ныр уым лæгтæй исчи уыдзæн
æмæ мах дæр хъуамæ уым уæм, сæ тас сын асурæм, науæд стыхс-
дзысты...
Рараст сты Сырдон æмæ Фатакуй. Дон зымæджы къæсæрыл,
æцæг, ныррæсуг æмæ йæ уылæнтæ сабыргай тылдысты дард кæ-
дæмдæр. Иæ сæрты ахизæн нæ уыд. Сырдон йæ цæст ахаста доны
уæрæхыл æмæ ахъуыды кодта: æз æмæ дзы Фатакуй бæргæ ахи-
зиккам, фæлæ уый цы давы?..
Доны был, æцæг, лæууыдысты Алафарн, Армимаз æмæ Су-
гъар. Мадзура æмæ æрхуымæй кастысты доны уылæнтæм æмæ
бæрæг уыд, уыдон дæр тыхсын кодта Сырдоны хъуыды — кæдæм
цæуой дарддæр?.. Æндæрæбоны лæбурд сын кæд фæрæстмæ,
уæддæр амыдта: сæхи искуы куы нæ æрбынæттон æмæ æрфидар
кæной, уæд тыгъд быдыры астæу искæй дзæгъæлдзутимæ тохты
бынысæфт фæуыдзысты...
Сырдон сæм бацыд, раарфæ сын кодта æмæ загъта:
— Уынын æй, тыхсут, фæлæ нæ зонын, цы фæндтæ уæм ис...
Цы зæгъыс, Сугъар, ды уæддæр бæлццон лæг уыдтæ, федтай, куыд
æмæ цы вæййы...
466
— Балцы ницы федтон фыдбылызæй дарддæр, фæлæ ам доныл
ахизæн кæй нæй, уый уынын... Кæд донбылты хæхты ’рдæм скæ-
нæм нæ фæндаг, æндæр цы загъдæуа?.. Ды та, Сырдон, фæндага-
монæг дæ æмæ дæм, чи зоны, æндæр исты фæнд ис?..
— Æз дыууæ боны размæ уæ сусæгæй уыдтæн ам, фæкæстытæ,
фæбæрстытæ кодтон, æмæ мæ нымадæй дæр донбылты хæхты
’рдæм цæугæ у: уым дон тæнæгдæр уыдзæн, чи зоны, дзы ахизæн
дæр ис, науæд хъæд нæ фарсмæ ис, дондзонтæ сараздзыстæм,
уæрдæттæн дæр иннæ фарсмæ аласæн кæуыл уа, ахæмтæ. Уым,
чи зоны, æндæр исты амал дæр разына...
— Уый хорз, фæлæ дзы куы ницы разына, уæд та? — фæрсы
Алафарн йæхи дæр æмæ йе ’мгæртты дæр.
— Кæд æппын ницы, уæддæр дзы хъæд ис, дон та тæнæгдæр
уыдзæн. Дарддæр — нæ хъару æмæ нæхæдæг, — Сырдоны хъуы-
дыйы фарс фæци Армимаз дæр.
— Мæнмæ дæр афтæ кæсы: хъæды руаджы исты амал скæн-
дзыстæм. Æцæг мæ миднымæр тæрсын: хæхты кæд исчи цæры,
уæд нæм куы фæфæдис кæной — чи куыдз, чи хæрæг стут, ам уæ
цы хъæуы?..
— Уым диссагæй ницы ис, — загъта Сырдон. — Кæд адæм уой,
уæд сын æй бамбарын кæндзыстæм: уæ зæххыл фæрнæй цæрут,
мах æндæр ранмæ цæуæм, æмæ сæ фæиппæрд уыдзыстæм... Фыд-
дæр уыдзæн, дзæгьæлдзутæ нæм бирæйæ куы фæлæбурой... Фæлæ
уыдонæй, чи зоны, хохы, хъæды æнцондæр æмбæхсæн у...
— Фод афтæ дæр, фæлæ нын уæддæр алырдæм кæсгæ уы-
дзæн, æнæнхъæлæджы нæм куыд ничи фæцарæхса... — катайгъу-
ызæй дзуры Сугъар.
— Уый раст у, Сугъар, — æнтъыснæгæй бакодта Сырдон. — Чи
зоны, нæ фæндаджы зындæр абон райдыдта... Æцæг нæ иу мæйæ
фылдæр нал хъæуы æмæ кæд иу мæйваг скомиккам... — Сырдон
Уастырджийы æмгъуыдæй кæй дзуры, уый зыдтой се ’ппæт дæр,
сæ сусæг ныфс уыди, æмæ сæм æргом уымæн нæ уыд йæ кой.
— Скомдзыстæм, æнæмæнг скомдзыстæм! — йе уæнгтæ базмæ-
лын кодта Сугъар. — Æрмæст ма ам иу бон баулæфæм, фæндаг
дæр асгарæм, — цы ис разæй, уый базонæм, адæм дæр æвæды
цæуынмæ сæхи барæвдз кæной...
— Афтæ æвæд нæу, Сугъар, æз ыл чысыл бауадтæн æмæ кæр-
дæг кæм не схæмпæл, уым рагон фæндаджы бæрджытæ бæлвырд
зынынц, — йæ зæрдæ йын чысыл барухс кодта Сырдон.
— Уый та ноджы хуыздæр, — фæцырд Сугъар. — Чи зоны, дзы
ахизæн дæр разына. Хид... Нæй, хид дзы кæд искуы уыд, уæддæр
^й дон фæластаид, науæд ныккалдаид...
467
— Цæй, цы уа, уый уæд, — алыг кодта Алафарн. — Былгæрæт-
ты цæуынæй хуыздæр ницы сфæнд кæндзыстæм... Улæфынæй дæр
раст зæгъы Сугъар... Стæй — цæугæ, — дывæнд ам ницы ахъаз у.
Сырдон фæндаг зоны æмæ цæуæм йæ фæдыл!.. Афтæ хъуамæ
æмбарой адæм хъуыддаг... Мах катайтæ нæхи сты, искæимæ уар-
гæ не сты... Афтæ нæу, Сырдон?..
— Сырдон дæр дзы дæ уазлдай ницы зоны, фæлæ уæддæр афтæ
нымайæм. Адæм куы сдызæрдыг уой, уæд дзы ницы рамбулдзыстæм...
— Гъе, æмæ хорз, — фæстаг тæрхоны хуызы дзуры Армимаз. —
Ныр фæцæуæм æмæ нæ хъуыддæгтæм æркæсæм. Мæнæн бирæ
куыст и, нæ тулæнгæрзтæ зилынхъуаг сты. Алафарн, ды дæр мæм
куы фæкæсис... Сугъар æмæ Сырдон фæндаджы катайтæн сæхæ-
дæг исты кæндзысты...
Апырх сты. Сугъары дæр лæппутæм цæуын хъуыд æмæ атагъд
кодта. Фатакуй æмæ Сырдон иунæгæй аззадысты. Фатакуй-иу куы
Сырдоны цæстытæм скаст, куы та-иу доны уылæнтæм нымдзаст.
Сырдон æй бамбæрста: йæхи найын æй фæнды!..
— Цом, Урсдзых, асгарæм дон: æз — ме ’нгуылдзæй, ды — де
’взагæй...
Сырдон æцæг фæтъыста доны йæ арм æмæ...их-уазал!.. Фата-
куй дæр дзы йе ’взаджы алгъ дыууæ тъысты фæкодта æмæ стæй
иу къахдзæф фæстæмæ алæууыд, ома уазал у, найæн дзы нæй...
— Афтæ у, Урсдзых, дæхи-иу Арпаданы куыд баппæрстай, ам
афтæ нæ рауайдзæн, — фенкъард Сырдон Арпаданы коймæ æмæ
ферхæцыд. — Ницы кæны, Урсдзых, кæд та нын уаид Арпадан
дæр æмæ найыны афонтæ дæр...
Сырдон æнкъардæй рараст йæ уæрдонмæ, фæлæ йæм фæзынд
æвиппайды æндæр фæнд — чысыл бауайон стыр доны былтыл, чи
зоны дзы æцæг ис зæронд фæндаджы ныв?.. Фæзылд æмæ араст
донбылты. Хæмпæл — хъолойы зæнгтæ, бæрзонд хæрæгсындз,
ичъийы ставд хæтæлтæ... Бирæ фæцыд хæмпæлгæрдæджы Сыр-
дон Фатакуимæ, стæй уæд ахызт ныллæг кæрдæгмæ, уый фæстæ
хуымæтæг нæумæ æмæ уым зынын райдыдтой фæндаджы бæр-
джытæ: хуырбын кæм уыд, уым кæрдæг æппындæр не схæцыд,
хуыртæ бæгънæгæй баззадысты. Хуырты урс уадздзаг, гæрз бæн-
дæны скъуыдтау, къæдз-мæдзытæ кодта доны фæзилæнты фарс-
мæ. Сырдоны зæрдæ барухс: ам кæддæр уыд фæндаг, хæхты чи-
дæр царди æмæ зымæг ардæм хизынмæ тардтой сæ фос... Дæлæ
хæмпæлты бынат та сын æхсæвиуат уыд... Фаджысæй хъæздыг
з?ехх схæмпæл... Хорз у, æмæ мæ зæрдæаивæй ныхас фæраст,
науæд худинаг уыдаид Алафарнитæй, сæ зæрдæ мыл худтаид:
фæсайдта нæ!..
468
Раздæхт Сырдон æмæ йæ уæнгтæ фæрогдæр сты: фæндаг ис,
æцæг, хæхтæй ардæм чи цыд, уыдон ныр дæр уым уыдзысты æмæ
цырд фæлæууын хъæудзæн — исты, уæд фыццаг дзæбæхæй, фи-
дыдæй; кæд лæбурой, уæд та фæнд æмæ тыхæй... Фендзыстæм,
цард фæндтæйу...
Сырдон суанг талынгтæм зылди адæмыл: кæм хъазæн ныхас,
кæм ныфсытæ, кæм та чысыл исты æххуыс... Абæрæг ма кодта йе
’мгæртты дæр, стæй та талынджы йæ уæрдон баивтыгъта, Урсдзы-
химæ та араст сты мадзурайæ... Ныр Сырдон æдзух йæ цæст дардта
урс бæлонмæ. Уый нырмæ донбылмæ амыдта фæндаг æмæ Сыр-
доны фæндыд базонын, доны цурмæ куы ныххæццæ уа, уæд та цы
кæндзæн?.. Кæд йæ сæрты атæха, уæд хъуыддаг æвзæр у: йæ
фæдыл нын цæуæн нæй, куы нæ ацæуæм, уæд та ныл Уастырджи
йæ къух сисдзæн — уый та ноджы фыддæр...
Ныххæццæ Сырдоны уæрдон фурды былмæ æмæ æрурæдта
Сырдон йæ галты, адæргæй кæсы урс бæлонмæ... Бæлон атахт
комкоммæ стыр доны сæрты æмæ Сырдоны зæрдæ ныдздзынæзта:
фæсæфтыстæм, куыд цæуæм йæ фæдыл?! Уæддæр бæлонæй йæ
цæст нæ иста цыдæр ныфсæй. Бæлон доны фаллаг фарсмæ куы
бахæццæ, уæд цæхгæр фæзылди, уæлдæр стахт æмæ доны гуыл-
фæны сæрмæ æртæ зылды æркодта, стæй фæстæмæ Сырдоны сæр-
мæ æрбатахт, уым дæр иу зиллакк сарæзта, æмæ хæмпæлты сæр-
ты йæхи ауагъта хæхты ’рдæм...
Сырдоны зæрдæ йе ’муд æрцыд æмæ цинæвдылд хъæлæсæй
бадзырдта Фатакуймæ:
— Цæуæм, Урсдзых, нæ фæндаг бæрæг у, нæ фæдзæгъæл уы-
дзыстæм... Уастырджи нæ фарс у — æнцонæй нæ исчи абырсдзæн!..
Хæмпæлты галтæн зын цæуæн уыд, фæлæ Сырдон сæ разæй
кæм лæгæрста, уым уыдон дæр сæ цыд нæ сабырдæр кодтой, æр-
мæст сæ бырынчъытæ арвмæ сдардтой, цыма доны ленк кодтой, —
сæхи хызтой хъæбæр хæтæлты цъуппытæй æмæ хус сындзытæй.
Сырдон хæмпæлтæй куы ахызт, уæд йæ цыд фæсабырдæр кодта:
иннæтæ дæр æй æрбаййафой. Æниу, Сырдоны хæд фæстæ цы
уæрдæттæ цыд, зын уыдонæн уыд, стæй фæд алыг, хæмпæлгæр-
лæджыты æрнай кодтой фыццаг дæс уæрдоны æмæ иннæтæ цы-
дысты надвæдыл.
Хæхтæм куыд æввахсдæр кодтой, афтæ фæндаджы гæмæх уадз-
дзаг бæлвырддæр зынди æмæ Сырдон цыди уæндондæрæй. Ныр
фæндаггонтæ дзæвгар феввахсдæр сты хæхтæм. Цæст дзæбæх
уынын куы райдыдта, уæд Сырдонмæ разынд иу хъæды чысыл
къох доны был æмæ уырдæм скодта йæ ных. Йæ хъуыдыйы уыд:
къохы сугтæ бирæ уыдзæн, адæм сæхицæн хæринаг скæндзысты,
469
галтæ дæр аууоны хиздзысты, сабитæ та хъæды сæхи аирхæфс-
дзысты...
Бæлццæттæ, уæлдайдæр сабитæ æмæ устытæ, фыццаг фынæй-
мæ фесты æмæ Сырдон йæ галты хизынмæ баздæхта фæсвæндаг,
йæхæдæг Фатакуимæ араст хъæдмæ. Æцæг, ацы хатт йæ лæдзæг
райста йемæ — цы нæ вæййы, хъæды сырдыл дæр ис фембæлæн,
стæй æхсæвдзуйыл дæр... Бацыд хъæдмæ, æмæ фыццаг цы ацагуырд-
та, уый — фæндаджы ныв: ам кæд искуы фæндаг уыд, уæд йæ
лæгуын уадздзаг хъуамæ зына ныр дæр... Æмæ, æцæгдæр, ахæм
лæгуын уыди хъæды кæрæй-кæронмæ!.. Æцæг ыл фæрвы талатæ
сзади ранæй рæтты æмæ сыл зын цæуæн уыдзæн уæрдæттæн, фæлæ
уымæн ницы у. Къох стыр нæ уыд æм йыл Сырдон кæронмæ ацыд,
стæй йыл быдыры ’рдыгæй æрзылд, хъæдрæбынты. Ныр Сырдоны
зæрдæ рухс уыд — фæндаг ис æмæ йыл искуыдæм фæхæццæ уы-
дзыстæм!.. Касти пыхсбынтæм, кæд дзы исты ссарид, хæрынæн
бæзгæ. Иу ран хъæдмæ быдырæй цыди чысыл адаг. Ныр хуыскъ
уыд, фæлæ йæ былтыл æмгуыдынæй зади дзедырæг. Сырдон ба-
цин кодта — чи зоны, иууыл нæма азгъæлд... Нæртон хъæутæ
хъæды халсарыл ахуыр нæ уыдысты, дзедырæг та сæм æввахс нæ
зади æмæ йæ æрмæст фыййæуттæ зыдтой. Сырдоны фæндыд, са-
битæн æй куы равдисид, абон ыл сæхи куы аирхæфсиккой, сæ
иугъæдон зынвæндагыл сын цины сæр куы фæуид... Азылд ада-
джы былтыл æмæ диссаг, — дзедыры гагатæй раздæр чи срæгъæд,
уыдон азгъæлдысты, фæлæ мæнæ дзедыры æрæджиауы байзæд-
даг йæ тæккæ рæгъæдмæ бахæццæ æмæ саусауидæй ныхысæрыйас
гагатæ цупал-цупал нымæг рухс кæнынц, сау æндæрг хæссынц...
Зоны йæ Сырдон, куыд адджын сты, фæлæ дзы йæ цæст ахæрын
нæ уарзы, сабитæн дзы кæд фылдæр аззаид! Фенын сæ хъæуы
уæддæр, зæгъгæ, ратыдта цалдæр гагайы æмæ мыды ад кæнынц!
Фарсылдарæн кард сласта æмæ иу дæстæг зад къалиутæ ракодта,
батыхта сæ залмы сыфы æмæ сæ рахаста: уыдон — Сидахъæн!..
Сихорафонмæ Сырдон зылди уæрдæггыл æмæ цæстæй агуырдта
Сидахъы. Бахæццæ сидзæргæсты чырæмæ æмæ сæ иумæ сихор хæр-
гæ баййæфта. Салам сын радта æмæ йын Аминæт йæ дзырд айста:
— Дæ мад дæ фæсхæрд ныййардта, Сырдон, æмæ дын цы кæ-
нæм, гъа?.. Мæнæ ма нæм цыдæр къæбæртæ ис æмæ сыл кæд
баввæрсдзынæ...
— Ома афтæ зæгъ — нæ сыл æввæрсын — æмæ нæхицæн баз-
зайой, нæ? Ме ’дылыйы кой уæм искуы фехъуыст, мыййаг? —
сразы Сырдон къæбæр сисыныл устыты фынгæй, стонг дæр сси,
стæй йæ нæ фæндыд сидзæргæс устыты фæхъыг кæнын, æцæг ма
зæгъой: нæ сыл баввæрсыд!..
470
— Уæд уал чысыл банхъæлмæ кæС| æз фынг ацæттæ кæнон, —
бацин кодта Аминæт æмæ йæхи уæрдонмæ фæцæйцыд, фæлæ йæ
Сырдоны фарст баййæфта:
— Сидахъ та кæм и, æз уый куы агурын?..
— Ныртæккæ дæм хæццæ кæндзæн. Дысон фæндагыл йæ
уадындз цæгъдынæй нæ банцад: зарынмæ, дам, куы фæхъусынц
галтæ, уæд, дам, сын уæрдон ласын æнцон вæййы. Райсомæй æваст
афынæй, йæ нывонд фон...
Чысыл фæстæдæр Сидахъ æцæг æрбацыд æмæ йæхи Сырдон-
мæ баппæрста. Уый йæ ацахста æмæ йæ ныттыхта йæ хъæбысы:
— Сидахъ, ды тыхджындæр дæ, фæлæ мæ сылгоймæгты цур
ма абырс, науæд худинаг кæнын æмæ дын хъыг уыдзæни, — худы
Сырдон.
— Разы! Ацы хатт дын барын, фæлæ дæ лæгты раз куы ныб-
бырсон, уæд-иу мæ ма рахъаст кæн!.. Æз Ардагъуйæ дæр уæйыг-
дæр дæн!.. — хъазы Сидахъ.
— Уый æнæмæнг у, фæлæ ды дæр, уæйгуытау, тыхджын æмæ
æдылы куы разынай?
— Æмæ Ардагъу æдылы у? — фæцырд Сидахъ.
— Ардагъу, мæ хуры цæст, нæртон уæйыг у, йæ зонд мах бари-
наг нæу, фæлæ æцæг уæйгуытæ зонды къуыбæрттæ не сты.
— Уæдæ æз æцæг уæйгуытæй нæ дæн, Ардагъуйы хуызæттæй дæн!
— Уæд хорз, фæлæ дæ хъуамæ бафæлварон. — Сырдон рай-
хæлдта залмы сыф æмæ Сидахъмæ дæтты дзедырæджы цупæлт-
тæ. — Адон цы сты, уый ма базон?..
— Адон?.. Никуы сæ федтон, — басаст Сидахъ.
— Иу нæмыг ма дзы ахæр, чи зоны сæ адæй базонай.
Сидахъ дзы иу нæмыг рахицæн кодта æмæ йæ йæ дзыхы бап-
пæрста.
— Адджын сты, уый ме ’взагæй зонын, фæлæ цы сты?.. Нæ
зонын.
— Кæсыс, нæ зоныс, дæхи та зонды къуыбар æмæ уæйыг æн-
хъæлыс!.. Уыдон дзедыртæ сты, дæ зæрдыл æй бадар. Уартæ сæ
къохы дæлбазыр ссардтон æмæ сæ рахастон, цæмæй сæ зонай, де
’взаг сæ ахъыдзы кæнай, — худы Сырдон.
— Хорз, зондзынæн сæ, дзе-дыр-тæ! Диссаджы адджын сты!..
— Уæдæ дзы фæйнæ цупалы устытæн дæр авæр, уыдон дæр се
’взаг ахъыдзы кæной, уыдон дæр ын йæ афтид ном зонынц.
— Æз дзы иу хатт бахордтон, — загъта устытæй иу, иннæтæ
ницы сдзырдтой, — бæрæг уыд, уынгæ дæр æй фыццаг хатт кæ-
нынц. Сидахъ сын фæйнæ цупалы радта, ахордтой дзы æмæ сæ иу
бахатыд:
471
— Дæ мæрдтыстæн, Сырдон, бацамон нын, кæм зайынц?
— Бацамондзынæн, кæд уæ фынгæй мæ зæрдæ барухс уа, уæд.
— Фынг къæрис уыдзæн, фæлæ нын æй уæддæр бацамон, —
уый Аминæт æрбахаста æртыкъахыг фынгыл цыдæртæ.
— Хорз, уæ дзырд фод, разы! Уартæ хъæды кæрон уынут?
Уым иу хъуыскъ адаг цæуы суанг донмæ æмæ уый былтыл бирæ.
Ацæут, акæнут сабиты дæр, уæхи аирхæфсут. Æз та чысыл мæ
цæстытæ фæсайон, æмæ изæры цæугæ-цæуын ма бафынæй уон...
— Хуыцауы тыххæй, Сырдон, фынæй дæр искуы фæкæныс? —
хъазы Аминæт.
— Хуыцауы тыххæй — никуы!.. Мæхи тыххæй чысыл афынæй
кæнын, тæрхъусы фынæй: иу цæст цъынд, иннæ — дзагъыр, —
худы Сырдон йæ цæстытæй.
— Диссаг, æз та афтæ æнхъæлдтон, Сырдон фынæй нæ кæны,
адæм мæрдвынæй куы ныввæййынц, уæд уый та хæрзæджы хин-
тæ фæмысы...
— Хинтæ дæр цæуылнæ, — быцæуыл не схæцыд Сырдон. —
Ацы дунейыл рæстдзинадæй фæцæрæн куы уаид, уæд бæргæ, фæлæ
уый нæй. Хин æмæ тыхæй архайынц æмæ сæ ныхмæ дывæр хин
хъæуы, науæд лæгыл галау хуым кæнынц!..
— Мах, Сырдон, нæхæдæг дæр зонæм хинтæ!..
— Гъе-е! Уæд мæхи хъуамæ хизон, науæд мын мæ пакъуы
ацæгъддзыстут, мæнта нырма дардвæндагыл цæуын хъæуы... Цæй,
хатыр, ныхæстыл уæ ныддардтон, — йæ къухтæ ацагьта Сырдон, —
бузиыг уæ минасæй. Ныр цæут æмæ дзедыртæ ратонут, æз га —
фынæй!..
* * *
Ныр Сырдон æдæрсгæ цыди хохмæ фæндагыл, дон-дон, цыма
донæн йæ ратæдзæн агуырдта. Сæ балцыл дыууæ мæйы куы сæх-
хæст, уæд бахæццæ иу бæрзонд айнæджы рæбынмæ. Йæ алыварс —
тархъæд. Йæ рæбынæй цæуы ацы стыр дон. Дарддæр фæндагæн
йæ кой дæр нал и... Цалдæр боны æмæ æхсæвы фесты ам, фæлæ
ницы фадат уыд донæн фаллаг фарсмæ ахизынæн. Каст Сырдон
урс бæлонмæ. Уый-иу изæрæй стахт арвмæ, айнæджы сæрты-иу
фаллаг фарсмæ ахызт æмæ та-иу фæстæмæ Сырдоны сæрты зила-
хар райдыдта, стæй-иу амбæхст кæрдæджы... Сырдон бамбæрста,
айнæджы сæрты йæ хизын кæны бæлон фаллаг фарсмæ. Фæлæ
айнæджы сæрты маргъæн у æнцон атæхæн, адæм, галтæ æмæ уæр-
дæ!тæ цы кæной — тæхын нæ зонынц!.. Стæй айнæг йæ сæрæй йæ
рæбынмæ фаст у, дон æй æнусты дæргъы бахордта. Уый сæрты чи
472
ахиздзæн?.. Уырдыгæй дур куы рахауа, уæддæр дзы донмæ ни-
цыуал æрхæццæ уыдзæн... Тархъæды фæндаг скæниккой, фæлæ
йæ цæмæй къахой?.. Чи зоны, уæлдæр исты ахизæн ис, уæд æй
базонын хъæуы. Ам дондзонтæ куы саразæм, уæддæр сыл галтæ
æмæ уæрдæттæ нæ фæлæудзысты, уылæнтæгæнаг знæт дон сæ
уайтагьд акалдзæн...
Ныр æцæг стыхст Сырдон, цы кодтаид, уый нал зыдта. Ницы
ирвæзæн хос ардтой иннæ ’мгартæ дæр. Тар хъæд сæ разы æмуыр-
дыг сыстад æмæ дзы чи айгæрддзæн фæндаг, уымæй дæр хохы
сæрмæ, стæй уым дæр исты фæрæз уыдзæн доныл ахизынмæ?..
Сырдон сфæнд кодта: цæуын хъæуы хохы сæрмæ, фæлæ йын нæ
бантыст — нæма ’рталынг, афтæ хъаггæнæг лæппутæ фæбæрæг
кодтой: цыдæр барджыты бал нæ фæд-нæ фæд æрбацæуы æмæ цы
бакæнæм?..
Ныр ноджы тыхстдæр уавæры бахаудтой æмæ та ногæй æрæм-
бырд сты Алафарн, Армимаз, Сырдон, Сугъар: цы кæнæм?.. Ныр
сæ фæндаджы маст дæр нал уыди — адæмы бахизын хъæуы абыр-
джытæй. Уыдон тыхгæнджытæ кæй сты, ууыл дызæрдыг нæ код-
той. Сæ тугæвдылд нысан — хъуамæ фæндаггон адæмы сыскъуы-
ной, ныццæгъдой, сæ фос, сæ фæллой та — уыдон!.. Ам цард æмæ
мæлæтыл цæуы ныхас. Фæстиат гæнæн нæй. Йæ цæфыл исты
аразын хъæуы.
Бирæ радзур-бадзуры фæстæ сразы сты иу хъуыддагыл: мигъ-
вæлмы кæрон, чырæтæм æрбацæуæнты æруромын хъæуы хæстон
фæсивæды; мыййаг, кæд цæуой мигъвæлммæ, уæд сыл фыццаг
ралæууын хъæуы фатæй, стæй уæд бæрæг уыдзæн: кæд æрфистæг
уой æмæ афтæмæй бырсой, уæд сыл ауадзын хъæуы нæхи бар-
джыты — уæлбæхæй сæ скæрдæнт; кæд ма дзы исчитæ æрбаирвæ-
за мигъвæлммæ, уæд сыл фистæг лæппутæ сæмбæлæнт æмæ —
цæгъдгæ. Кæд æхсæвиуат кæной, ибоны дзæгъæлдзутау, уæд сæм
æрдæгæхсæв бырсгæ у! Бæргæ хорз уаид, исчи сæ къухты куы
бафтид æмæ куы базониккам: чи сты, цы агурынц?.. Фæлæ уымæн
рæстæг æмæ фадат нал ис...
Мигъвæлмы кæрон цы лæппутæ лæууыд, уыдон фæстаг хабар
уыд: фæдылдзутæ æрлæууыдысты æмæ æхсæвиуатмæ сæхи цæт-
тæкæнынц!..
— Уый уал хорз, — загъта Сырдон. — Ибоны цуанонты бон сыл
хъуамæ æркæна. Фæлæ уал мæн ауадзут иу лæппуимæ, бахъуыз-
дзынæн сæм æмæ сæ кæд мæ къухы исчи бафтид, кæд дзы истытæ
базониккам нæ хæсты размæ. Чи сты, цы ’взагæй дзурынц, уый
уæддæр куы З’ониккам!.. Сагсур уæйгуыты æвзаг зоны, уæйгуытæ
ам цы агурынц, дзиглотæ цæуынц хæтæны... Сугъар, ды лæппуты
473
цур лæуу æмæ цæттæ ут фистæгæй-барæгæй. Мæнæн та фæдзурут
нæ дугьон фыййаумæ, цырд лæппу у æмæ уæм исты ныхас куы
бахъæуа æрвитын, уæд тагъддæр ничи æрбаздæхдзæн. Дзырд исты^
уæд дæумæ арæзт уыдзæн, Сугъар, æмæ йæм фæдзурут, куыд дæ
зона...
— Мах иууылдæр лæппуты цур уыдзыстæм, Сырдон, — йæ
фæндиаг дзуры Алафарн. — Фæлæ ды дæр куы нæ ацæуис... Лæп-
путæй искæй арвитæм...
— Нæ, Алафарн, лæппутæ балцы никуы уыдысты, æз дзы уыд-
тæн. Стæй мын цæмæй тæрсыс? Иу лæджы фат мыл нæ сæмбæл-
дзæн, сæ астæумæ цæуинаг та æз нæ дæн... Æввахс сæм бабыр-
дзынæн, байхъусдзынæн сæм, стæй дзы кæд искæуыл хицæнæй
фæхæст уон, уæд мын уый æрдæгмардæй рахæссын зын нæ уы-
дзæн. Кæд æй нæ фæразон, уæд уæм бæрæг кæндзынæн... Дæлæ
æрбахæццæ нæ дугъон лæппу. Æгас нæм цу, Хуазар, æнхъæл дæн
афтæ хуыдтай дæхи?..
— Уыдтæн, дæн æмæ уыдзынæн Хуазар! — буцæй загъта лæп-
пу, йæ фарсыл цирхъ, фатдон, йæ галиу къухы æрдын. Зынди
йыл, буц у йæ хæстоны фæлыстæй æмæ Сырдонæн æхсызгон уыд
— дзæбæх лæппу у, тæрсаг дæр хъуамæ ма уа... Фыццаг хæсты
алчи дæр тæрсы, фæлæ мæ цуры кæд ныфсджын уаид...
— Уый хорз, фæлæ дæ æхсæвыгон иунæгæй хæстмæ цæуын
куы хъуа, уæд та?
— Иунæгæй? — фæдисы лæппу. — Æхсæвыгонæн ницы у, гæ-
дыйау цыппæрдзæстыг дæн, æхсæв дæр бонау уынын, фæлæ иунæ-
гæй цавæр хæст уыдзæн? Æви мын Батырадз æнхъæл стут, знæг-
ты æфсад иунæгæй аздахын мæ бон у? Бæргæ, фæлæ кæм и уыцы
амонд!..
— Демæ ма исчи куы уа, зæгъæм, Сырдон, уæд та? — къахы йæ
Сугъар.
— Сырдонимæ? Уый æндæр хабар у! — бахудт лæппу. — Сыр-
донимæ сын тыхæй кæд ницы фæразæм, уæд сæ хинæй абырс-
дзыстæм!..
— Хъусыс, Алафарн, — бацин кодта Сырдон. — Хæст кæд у
хинæй æмбулгæ, æмæ Нартæм та Сырдонæй хиндæр ничи уыд,
кæд дзы ныр фæзынд, уæд æз лæууын, уый ацæуæд... Нæй дзы,
æмæ мæнæн æдзæугæ нæу. Хуазар, ды цæуыс мемæ ныртæккæ
хæцынмæ. Цы æмæ куыд, уый дын фæндагыл радзурдзынæн.
Ардæм исты хабар хæссын куы хъæуа, уæд — ды æмæ дæ къæхтæ!
Цæсты ныкъуылдмæ хъуамæ ам уай æмæ мæнæ ацы лæгæн, бæ-
рæгбоны дын хорзæх чи радта, уымæн радзурай нæ хабар... Цы
зæгъыс, разы дæ, дæ ныфс хæссыс?..
474
— Хæссын, разы дæн! — фидарæй загъта лæппу. — Бузныг,
кæй мыл æууæндут, уый тыххæй. Лидзын нæ, хæцын дæр базон-
дзынæн, Сырдон, дæ цуры...
— Гъе, æмæ бузныг дæуæн дæр. Ныр у, æмæ алчи дæр йæ
куыст кæнæд. Хуазар, дæ разы къуымы мæ лæдзæг æмæ мын æй
демæ райс...
Сырдон сыстад æмæ изæры тæнæг тары сындæггай аныгъуылд
Хуазаримæ. Уый йын йæ фæдыл хаста йæ лæдзæг æмæ дисæй
мард: ай лæдзæг нæ, æндонæй цæджындз куы у, уæд æй куыд
фæразы, æдзух æй йемæ куы хæссы, æхсæры къæцæлау?.. Диссаг,
æндæр ницы... Адæм та йæ æнæбон æнхъæлынц... Уый дын, гъе!..
Куы фæхицæн сты, мигъвæлмы кæронмæ куы рауадысты, уæд
Сырдон æрлæууыд, йæ лæдзæг райста Хуазарæй æмæ йын ра-
дзырдта, сгарæг кæй цæуынц, тасæй дзы кæй ницы ис, лæбурæг
кæй не сты... /Ермæст сын аивтæй сæ фæндтæн кæд исты базоник-
кам, стæй дзы кæд искæуыл хицæнæй фæхæст уæм, уæд ын ацы
лæдзæгæй иу æнæбары цæф фаг у, уадзыгæй йæ раласдзыстæм...
Кæд сæм ахсæв лæбурыны фæнд уа, уæд ды — тæхгæ Сугъармæ!..
Æз та сæ уым кæрæдзимæ кæд фæкæнин, уæйгуытау... Фехъуыс-
таис уыцы хабар...
Цæуынц Сырдон æмæ Хуазар, сабыргай, æнæсыбыртт, кæрæдзи
фæдыл: Сырдон йæ къах кæм æрæвæры, Хуазар дæр — уым! Уый,
æцæг, æхсæв дæр бонау уыдта æмæ фæндаг дзæбæх æвзары. Дæрд-
тыл æрзылдысты æмæ суыдтой иу къуырфы æртытæ. «Ахсæв дзы
бырст нæй, сом та сыл хъуамæ бон мауал суа...» — бадзырдта
Сырдон Хуазары хъусы. Сырдон хъуызæгау кæны æртытæм. Хуа-
зар йæ фæдыл, фæнды йæ, йæ улæфт дæр куынæ хъуысид, фæлæ
йæ зæрдæйы цæфтæ йæ хъусты зæлынц æмæ йæм афтæ кæсы,
цыма йæ къæхтæй дуртæ къуырттытæ кæны æмæ йæ дзæгъæлдзу-
тæ хъусынц. Кæсы Сырдонмæ æмæ йæ дыууæ къахдзæфмæ ты-
хæй æвзары, цыма сывæллоныйас дæр нал у, афтæ кæсы Хуазар-
мæ æмæ дис кæны: хохыйас лæг куыд атад, куыд нал зыны. «Тæ-
худы, æз дæр афтæ куы арæхсин!» — бæллы йæхимидæг æмæ
цæуы Сырдоны фæдыл, аууонау.
Хуазар уыны: æрбахæццæ сты, бæхтæ кæм хизынц, уырдæм.
Бæхтæн сæ къæхтыл сахсæнтæ æмæ сæ акъахдзæф куы ’рфæнды,
уæд дыууæ раззаг къахы æмист скæнынц æмæ — чызджы гæпп!..
Цæй худæг сты!.. Кæд гæпп нæ, уæд та симды чызджытау, гакк-
гакк кæнынц, цыбыр къахист, сыбы-сыбы!.. Хуазар худы йæхи-
мидæг æмæ дзы хæсты тас айрох, фæлæ уыцы уысм Сырдон æр-
бадт иу дзыхъгонды æмæ Хуазар дæр йæ фарсмæ йæхи æруагъта.
Уайтагъд Сырдоны комулæфт йæ хъусыл аныдзæвд: «Хуазар, ды
475
ам ныгъуылдæй лæуу. Æз сæм æввахсдæр бабырон æмæ байхъу-
сон. Æнцад бад, æнæсымæй. Тагъд ам уыдзынæн æз дæр, æрмæст
дæ бынатæй ма фезмæл. Æцæг, дæ цирхъ æрсадз, сындзы хæтæ-
лау, дардæй дæ куыд уынон...»
Сырдон иудзæвгар абырыд йæ фазыл, стæй куы базыдта, Хуа-
зар æй нал уыны, уæд мыстулæг фестад æмæ арты фарсмæ бад-
джыты цур кæрдæджы æрныгъуылд. Хъусы сæм, фæлæ сын не
’мбары се ’взаг. Æрмæст иу хатт Сосланимæ Фæрныджы фос тæ-
рынмæ чи бацыд, уыдон æнгæс — сæ цæсгæмттæ дæр, сæ дарæс
дæр, се ’взаг дæр. Хъæлдзæг дарынц сæхи, бæрæг у, ницæмæй
тæрсынц. Цирхъытæ, æрдынтæ, фаттæ, уарт сæм нæй, ома барæ-
джы уарт ницæмæн хъæуы, уæлбæхæй хæцы. Фендзыстæм, кæд-
дæра цы кæнат, бæхтæм уын фæндаг куы нал уа, уæд! — Æртхъи-
рæн кæны Сырдон, цыма сом æнæмæнг лæгæй-лæгмæ хæст уы-
дзæн. Ам Сырдонæн æндæр ницы уыд зæгъинаг æмæ ратахт мысту-
лæг фæстæмæ бæхты ’рдæм... Бæхты дæллаг кæрон, быдыры зыны
иунæг хус хæтæл — уый Хуазары цирхъ у æмæ уырдæм цæугæ у.
Уæлæ бæхтæй мах æхсæн бады иу хъаггæнæг, бæрæгæй зыны кæр-
дæджы ’мвæзæй, йæ цурмæ бабырын хъæуы, стæй мæхи хуызы
куы слæууон йæ фæсчъылдым, уæд ма мын кæдæм аирвæздзæн,
агургæ та йæ райсоммæ ничи кæндзæн. Сырдон сыстад, йæ лæ-
дзæг йæ къухмæ систа, фæлæ йæм хъаккæнæг цæвыны аккаг нæ
фæкаст, тымбыл къух ын фаг у... Лæг бадти, йæ армытъæпæнтыл
йæ сæр æруагъта, афтæмæй зарыд айдагъ хъæлæсы уагæй, дзырд
нæ хауд йæ комæй... Цыдæр тæригъæд фæзынд Сырдонмæ, фæлæ
асырдта уыцы æнкъарæн — адон, тæригъæд циу, уый зонгæ дæр
нæ кæнынц, Сосланы тугæй хъæстæ сты!.. Сосланы коймæ Сыр-
доны зæрдæ ихау ауазал æмæ йæ уæлвæд тымбыл къухы цæф
сæмбæлд басылыхъхъы саджилæджы тыхт сæрыл. Зарæджы хъым-
хъым аскъуыд æмæ лæг йæ иу фарсыл æрфæлдæхт. Сырдон ын
йæ рон райхæлдта, цирхъ йæхи роныл ацауыгъта, сæрибар ронæй
та уадзыг лæджы къухтæ сбаста, стæй лæджы йæ дæларм акодта
æмæ Хуазармæ араст... Сырдоны бацыдмæ уый дæр фестад æмæ
уырдыг лæууыд: цы йын зæгъдзæн Сырдон. «Йæ къæхтыл ын
схæц æмæ уайгæ мæ фæдыл» — бадзырдта йæм Сырдон æмæ ли-
дзæгау акодтой быдырмæ. Куы адард сты, уæд фæзылдысты хæх-
тæм æмæ ныллæууыдысты сæхимæ цæуыныл. Иу ран, æцæг, фæ-
лæууыдысты — цæф схъæрзыд æмæ Сырдон фæтарст, куы ныхъ-
хъæр кæна! Йæ дзых ын ахгæдта армæй. Цæф хъыс-хъыс кодта,
æндæр дзы хъæр нæ цыд, фæлæ йын уæддæр Сырдон йæ сæр йæ
уæлæфтауы фæдджийæ атыхта æмæ та атагъд кодта сæхирдæм.
Мигъы фæлммæ куы баввахс сты, уæд сдзырдта йæ хъæлæсы дзаг:
476
«фæци нæ абоны хæст, Хуазар, тæрсгæ мауал кæн, фæлæ ауай
æмæ Сугъарæн зæгъ: дыууæ лæппуйы рарвитæд, ацы куыдзы хæс-
сын хъæуы, мах æй æгæрдæр фæхастам...» Хуазар лидзынмæ
фæци, ныр фæндаг цыма æппындæр талынг нæ уыд, афтæ уыдта.
Сугьары лæппуты дæр фæстæмæ йæхæдæг ракодта æмæ уацай-
раджы пакъуыйау аскъæфтой цыппарæй, Сугъар æмæ Алафарни-
тæ кæм бадтысты, уыцы цатырмæ. Балцмæ йæхи куы цæттæ кодта
Сугъар, уæд бахуыйын кодта йæхицæн нымæты фаринтæй хала-
гъуды хуызæн цатыр. Абон æй фыццаг хатт байтыгъта йæ уæрдо-
ны фарсмæ, къуыдыртыл дзы фæйнæджы гæбæзтæй ацарæзта ба-
дæнтæ, цырагъы фаркæй расхъистæ кодта æмæ барухс сты ха-
лагъуды къуымтæ.
Сырдоны бацыдмæ уацары сбадын кодтой, йæ сæр ын райхæлд-
той, дон ын бадардтой æмæ æрчъицыдта... Йе ’муд куы ’рцыд,
куы йæ базыдта, æцæгæлон адæмы ’хсæн æрмттæ бастæй бады,
уæд ныффæлурс æмæ та йæ цæстытæ бацъынд кодта. Сырдон æм
бакаст æмæ афтæ бакодта:
— Хуазар, — уый ныр дæр Сырдоны фæстæ лæууыд, ома ма-
хæн ныр ахицæн нал ис, лæппутæй мæн равзæрста! — ауай-ма иу
лæппуимæ æмæ Фæрныгмæ бадзурут, Сырдоны, зæгъ, тынг зæр-
диагæй хъæуыс...
Фæрныджы æрбацыдмæ Сырдон радзырдта Сугъаритæн, цы
федта æмæ базыдта, уыдон. Сæ фæнд уыд æмхуызон: цæвын сæ
хъæуы ахсæв, бонырдæм, æрмæст фылдæрæй цæуын бахъæудзæн
сæ ныхмæ, тыгъд быдыр у æмæ дзы исчи куы аирвæза, уæд гæнæн
мс, æмæ фæдис æрбахона йæ фæдыл... Цæгьдын сæ хъæуы иуууыл-
дæр, нæхæдæг дæр æвыд куы нæ баззайæм, уæддæр...
Фæрныг æрбацыд, «Уе ’хсæв хорз!» загъта æмæ стæй Сыр-
донмæ йе ’ргом скодта æнхъæлмæгæс: цы мын зæгъинаг дæ?..
— Фæрныг, — комкоммæ бафарста Сырдон, — ды, æнхъæл дæн,
чынты ’взаг зоныс? Иухатт нын нæ фос тæрынмæ чи хъавыд, уыдон
æвзаг?..
— Хъавыдысты та цы хоныс?! Уæд мæ дæ фæрцы сæныччы хъус
дæр нæ фæхъуыд, фæлæ мын стæй быдырæй атардтой мæ цонгвæл-
лой, ме стырдæр хæзна дæр ма мын афардæг кодтой... — æнкъардæй
ранымадта Фæрныг æмæ дзурынмæ ницыуал хъавыд, фæлæ фæха-
тыд, Сырдоны фарстæн дзуапп нæ радта, æмæ ма йæ ныхасмæ баф-
тыдта, — се ’взаг дæр сын зонын. Фыццаг фос æлхæнгæ кодтой, алы
аз дæр æмбæлдтæн сæ хæзнаджын адæмимæ, иу хатт сæм æрдæг
афæдз фæдæн, фæхуыдтой мæ, хæларæн мæ агуырдтой... Мæ куыдз
фæлдыстсæ хæлардзинадæн!.. Нæхицæй сынфарсхæцæгкуы фæци,
уæд мæ ныггаффутт кодтой!.. Зонын сын се ’взаг дæр, сæхи дæр...
477
Сырдоны кæд не ’вдæлд Фæрныджы хъастмæ хъусын, уæд-
дæр æм ницы дзырдта: куы фæхъыг уа, нæ уынаффæйы кæй нæ
вæййы, уый йæм тæлммæ кæсдзæн, ноджы ма йæм ныр исты сдзур,
уæд тæргайыл ныллæудзæн. Ныр куы фæци йæ ныхас, уæд æм
Сырдон бадзырдта:
— Дæ хорзæхæй, уæртæ ма уыцы лæгмæ сдзур чынты ’взагыл,
чи зоны, уыдонæй у, уыдон хуызæн мæм зыны...
Фæрныг уый æнхъæл нæ уыд, æмæ нырмæ нæ фæхатыд, фæхс-
бандоныл лæппуты ’хсæн æнæзонгæ лæг кæй бады. Бакæстытæ
йæм кодта æмæ йæ цæсгом фæтызмæг:
— Æнæрай дзы фæу, уыдонæй у, уæдæ нæу!.. Фæлæ кæцæй
фæци?..
— Гъе уымæй ма йын йæхи бафæрс: чи у, кæцæй æмæ кæдæм
цæуы, цы агуры ацы æдзæрæг быдыры? — йæ дзырд ын айста
Сырдон.
Фæрныг барджын хъæлæсæй бадзырдта уацайрагмæ æмæ уый
фестади, цыдæр бæлвырд дзуапп ын радта, æвæццæгæн, æй æп-
пæты хистæр фенхъæлдта. Аныхæстæ кодта йемæ Фæрныг æмæ
стæй радзырдта: чынтæй у, фæззæгæй нырмæ балцы хæтынц, фæлæ
сæ къухы ницы бафтыд, æмæ сæ ныр мах уæрдæтты æмæ фосы
фæд ардæм æрбасайдта, чи зоны, зæгъгæ, нæ къухы исты бафта...
— Цал сты, уымæй ма йæ бафæрс.
Фæрныг та дзæвгар аныхас кодта уацайрагимæ æмæ стæй ра-
дзырдта: бирæ уыдысты, фæлæ стæй æртæ дихы фесты... Иннæ
дыууæ къорды кæм сты, уый нæ зоны, фæлæ сæхæдæг сæдæйы
’рдæг сты...
— Бафæрс ма, кæд бырсынмæ хъавынц, кæй фæдыл цæуынц,
уыдонмæ?
Фæрныг та ныхасыл схæцыд æмæ æрæджиау ранымадта цы-
бырæй:
— Куыддæр сæ баййафой, афтæ. Нæ сæ ’вдæлы, афон сын у
сæхимæ цæуынæн...
— Бафæрс ма афтæ: уарт сæ куы никæмæ ис, уæд цæмæн у уый?
— Нæ, дам, нæ хъæуы: уæздан адæм стæм æмæ фистæгæй хæ-
цын нæ сæрмæ нæ хæссæм. Барæджы та уарт хъыг цы дары æн-
дæр ын ницы ахъаз у. Стæй, дам, кæимæ фæхæцæм, уыдон фис-
тæг вæййынц æмæ уæд уарт хъыгдарыны хос у. Уарты бæсты нæ
галиу къухты æрдын фæхæссæм, фатæй æхсынæн дардæй, стæй
уæд цирхъæй хæцæм æввахсмæ...
, — Иу фарст ма: искуы нæртон адæммæ бырсæг уыдысты æви нæ?
Ам та Фæрныг дзæвгар фæфарста æцæгæлоны, стæй рафæз-
мыдта: æз, зæгъы, никуы уыдтæн, фæлæ цалдæр хатты уыдысты
478
нæ лæппутæ нæртон бæстæм балцы. Дыууæ хатты ницы сæ къухы
бафтыд. Иу хатт, дам, дзы здæхгæ дæр ничиуал æркодта. Æртык-
каг хатт ма афæлвæрдтой æмæ бирæ фос æртардтой. Фæлæ, дам,
уый фæстæ ничиуал акуымдта уырдæм...
— Хорз, ницæмæй уал æй фæрсын. Сом ныхас кæндзыстæм.
Абон уал æй акæн мæнæ дыууæ лæппуимæ. Хуазар, Хуамæтмæ ма
фæдзур.
— Хуамæт, — дугьон лæппу, куы рбаздæхт, уæд тызмæгæй
дзуры Сырдон. — Ахсæв ды æмæ Хуазар хъаггæнут ацы лæджы.
Иу нымæты бызгъуыр уын ратдзæн Фæрныг, уый йын ныббарут
уæрдоны бын æмæ уым хуыссæд, йæ къухты баст та йын цалхыл
бафтаут æмæ йæ цуры сбон кæнут. Улæфгæ — сом. Кæд ма йæм
псты дзуринаг уа, уæд Фæрныг уæ цуры уыдзæн. Фæрныг, дæхи
уæрдоны бын æй бауадз. Лæппутæ дæр уым уæнт... Цæут, мæ
хуртæ, мах ма цыдæртæ ацаразын хъæуы... Фæрныг, хатыр ба-
кæн, кæй дæ батыхсын кодтам, уымæй...
— Уый та цæй тыхст у, Сырдон. Кæд мæ сæр истæмæн хъæуы,
уæд цæттæ дæн. Зæгъ, æмæ хæстмæ дæр дæ фарсмæ чи цæуа, уый
мæнæ æз, — зæрдиагæй дзуры Фæрныг. Уый тыхсы йæ мидзæр-
дæйы, уынгæджы сахат сæ уынаффæйы кæй нæ вæййы, уымæй
æмæ йæ ныр дзуры фæндиаджы хуызы. Сырдон ын базыдта йæ
мидзæрдæйы уавæр æмæ йын йæ цытуарзон аныхта:
— Фæрныг, æз æмæ ды хæстыты дæр уыдыстæм, кæрæдзи хорз
зонæм æмæ исты уæззау хабар, уæд дæм фыццаг чи фæхъæр кæн-
дзæн, уый та дын æз. Фæлæ нырма ахæм уавæры не стæм. Кæд
бахъæуа ахæм сæр, уæд та дæм бадзурдзынæн: гъæтт, Фæрныг,
гуыргæ иумæ нæ ракодтам, фæлæ тохы бон æрцыд æмæ нæ уæла-
хиз дæр, нæ мæлæт дæр иумæ хъуамæ уа! Гъе, æндæр дын цы
зæгьон, Фæриыг?
— Бузныг, Сырдон, æз дæр дæ æндæр ницы агурын. Мæ цард
фæуд у æмæ ма уын мæ хурныгуылæны кæд исты ахъаз фæуаин.
— Хорз, Фæрныг, хорз, мæнæ уал ацы æхсæвдзутæй фервæ-
зæм, стæй уæд ныссагъæс кæндзыстæм цард æмæ мæлæтыл... Ныр
уал акæсæм лæппутæм. Цы фæндтæ сæм ис, чи зоны сæ нæ сæр
истæмæн хъæуы. Фæрныг, ды ацы æцæгæлон уазæг æмæ йæ хъаг-
гæнджытæм дæ цæст фæдар, райсом мæ хъæудзысты...
Фæрныг, уазæг æмæ дыууæ лæппуйы ацыдысты. Халагъуды
ма баззадысты сæхæдæг, цыппарæй, фæсдуар та цалдæр лæппуйы.
Сæ фæнд конд уыд, фæлæ ма Сырдон ранымадта:
— Бæхтæй лæгты ’хсæн бацæудзынæн æз, ме ’мбæлттимæ. Ныр
сын сæ бацæуæнтæ зонын æмæ хуыздæр сарæхсдзынæн. Сагсуры
бал дæр уыдзæн мемæ, фæлæ дарддæр, быдырмæ ацæуæны. Су-
479
гьар æмæ Цорæйы барджытæ ацæудзысты фæндаг-фæндаг, уæрдоц-
вæндагыл, стæй цæхгæр фæзилдзысты быдырмæ æмæ — æртытæм
цæугæ!.. Фатæхстмæ сæм куы бацæуæм, уæд фистæджытæн фа-
тæй æхсгæ у, арты рухсмæ сæ чи зына, уыдон. Стæй уæд æдцирхъ
лæбургæ у, лæгæй-лæгмæ... Барджытæн размæ цæугæ нæу, сæ
хæс — куыд ничи аирвæза. Лидзынмæ фæци исчи, уæд — æййафгæ
æмæ — маргæ!.. Фатæй хæст райдайдзыстæм, æртæ хатты уыджы
уаст куы бакæнон, уæд, — Сырдон йæ уæлæфтауы дзыппæй систа
уадындз æмæ ныллæг хъæлæсæй уыджы уаст бакодта. — Уый дæ-
уæн дзурын, Сугъар. Алафарн æмæ Армимаз сæрибар сты рай-
соммæ... Æниу адæмыл аивтæй куы азиликкой, ома чырæты алы-
варс... Мацы знаггад æрцæуа... Чи зоны, уыдон дæр искæй ра-
рвыстой уынæг, сгарæг æмæ нын уазæг ницы схъæр кодта...
Цом, Сугъар, лæппутæм, æрмæст бадзырдтам: рæстдзæвин
лæппутæй дыууæ мæн — Алафарны куынцдымæг Созыр æмæ
Фæсхъæуккаг лæппу, Кæфхор кæй хонынц, уый. Фистæджытæй
мын кæй радтай, уыдон, æрмæст Базыр мемæ хъуамæ уа, ныр та
йын æз хъуамæ ацамонон цирхъæй хæцын...
— Дæу фод, цæй цирхъæй хæцын зоны, нырма йæ хъуымыз йæ
былтыл нæ бахус, — æхсызгон уыд Сугъарæн, йæ лæппуйыл Сыр-
дон йæ цæст кæй æрæвæрдта...
— Цы зоны, уый дæуæй фод, цы нæ зоны, уый та ме ’вджид
фод, — сразы Сырдон æмæ Сугъаримæ рацыд халагъудæй. Ала-
фарн æмæ Армимазæн хъыг уыд, хæсты азарæй сæ иуварс кæй
фæуагътой, уый, фæлæ æргом ницы загътой. Дыууæ дæр æрхуы-
мæй бадтысты, алчи дæр сæ йæхи сагъæсты аныгъуылд. Сырдон
сын фæсдуар дыууæ хæстарæзт лæппуйы цумайæн æмæ хъаггæ-
нынæн кæй ныууагъта, уый дæр нæ базыдтой. Нæзы цырагъы алайæ
чысыл халагъуд байдзаг, фæлæ уый дæр нæ хатыдысты. Цыдæр
æнæрайы бадт кодтой, сæ катайы сæр кæрæдзийæн дæр нæ хъæр
кодтой. «Мæ фæдыл ничи ис æмæ цы кæнон?.. Иунæгæй батыд-
тон мæ царды бонтæ... Чи зоны, раст нæ уыдтæн, фæлæ ныр бай-
рæджы, цыма?..
Рацыдысты Алафарн æмæ Армимаз, цырагъ ахуыссын кодтой.
Фæсдуар сæм дыууæ лæппуйы кæй каст æнхъæлмæ, уый куы ба-
зыдтой, уæд бахудтысты:
— Ай нæ Сырдон хъаггæнинаг зæрæдтæ куы фестын кодта,
уæд дæм куыд кæсы, — сдзырдта Алафарн.
— Хъаггæнæг не стæм, цумайæн, дам, куы бахъæуат, мыййаг, —
рас;г кæны лæппутæй иу Сырдоны.
— Цумайæн? Уый хорз, — сразы Армимаз. — Уæдæ немæ цæут,
мæ хуртæ, азилæм адæмы алыварс, ам хъæдмæ æввахс у, сырд, йе
480
хуыснæг æмбæлаг сты, æмæ нын нæ галтæй иуы куы адзæбо кæ-
ной, уæД нын уæрдон ласинаг фæуыдзæн æмæ лæгæй цæй гал и?.. —
сабийæн амонæгау кæны Армимаз æмæ лæппутæ талынджы æмы-.
рæй худынц.
* * *
Сырдон фæндаг кæм зыдта, уым раздæр ныххæццæ тыхгæн-
джыты æхсæвиуатмæ. Бантыст ын Сагсуримæ бæхтæй лæгты ’хсæн
бацæуын, фæлæ иннæтæ чысыл ферæджы кодтой. Мигъвæлмы
бын талынг уыд æмæ сæ уый зæрдæ фæсайдта. Быдыры та боныр-
дæм суазал æмæ дзæгъæлдзу адæм фестадысты, æртытæ сцырен
кодтой æмæ сæхи тавтой. Сырдоны уаст уыдон дæр дзæбæх фе-
хъуыстой æмæ сæ хистæр бамбæрста, цыдæр фыдбылыз у, æндæ-
ра тыгьд быдыры уыг цы аразы?..
— Бæхтæм! Бæхтæм! — фæхъæр кодта йæ дзыхы дзаг æмæ
абырджытæ ныххæррæтт кодтой сæ бæхтæм. Сырдон æмæ Сагсур
базыдтой, хæцын сæхи кæй бахъæудзæн æмæ лæппутæм адзырд-
той: «Æхсгæ, æхсгæ! Цалынмæ карды коммæ не ’рбацыдысты!..»
Нымæцæй лæбурæг дзæгъæлдзутæ фылдæр нæ уыдысты æмæ сæ
нæ фæтарстысты Сагсуритæ, æрмæст Сырдон бахъынцъым кодта:
лæппутæй исчи куы фæцæф уа, цирхъæй дзæгълæдзутæ фæлтæрд
уыдзысты, лæппутæ та нырма сабитæ, сæ цонджы тых дæр йæ
гаччы нæма сбадт!..» Цæфмæ сæм куы ’рбаввахс сты, уæд Сырдон
æвирхъау цъæхахст фæкодта:
— Сагсур! Нæмгæ!
Фæтæррæст кодтой Сырдон æмæ Сагсур, уæдмæ уæрагæй
æхстой фаттæ, æмæ сæ даргъ лæдзгуытæй — Армимаз Сагсурæн
дæр Сырдоны лæдзæджы хуызæн сарæзта — дзæхст-дзæхст ралæу-
уыдысты бæлццон абырджытыл. Цъилау зылдысты се ’хсæн æмæ
сæ най кодтой цыдæр æвирхъау тызмæг æмæ мæстыйæ.
— Е-е-ей! Маргæ!.. — æрвнæрæгау богътæ кодта Сагсур. Рагæй
йæ нал фæци уæйыджы тых бавзарыны фадат æмæ ныр, йæ ас, йæ
хъæр æмæ йе ’ндон мæцъисы риуыгъдтытæ тасы баппæрстой
дзæгъæлдзуты, фæлæ уыдон дæр бырстой, сæхи бæхтæм баирвæ-
зыныл хъардтой æмæ уый уыд се сæфты фæнд.
Сырдон кæд хæцын сырдау æгъатырæй райдыдта, цæвын æмæ
марынæй дарддæр дзы æппæт айрох, уæддæр ахæм зæрдæйыл уыд
бæрцæй цалдæр уысмы. Сагсуримæ сæ куы асчъил кодтой, карчы
Цъиутау, дыууæ къорды куы стымбыл сты фыртæсæй, сæ цирхъы-
тæй ма дзæгъæлы риуыгъдтытæ куы райдыдтой уæлдæфы, уæд
Сырдон йе ’муд æрцыд æмæ кæстæртæм йæ хъус адардта. Уыдон
Сырдоны цæссыгтæ
481
амбырд сты дзæгьæлдзутыл алырдыгæй æмæ дзы алчи дæр агуырд-
та йæхицæн ныхмæлæууæг. Фыццаг сæм лæбурджытæ сæ хъус
нæ дардтой, Сырдон æмæ Сагсурмæ кастысты хъоппæг цæстæй,
уыцы æвирхъау даргъ цирхъы цæфмæ, фæлæ дзы кæрæтты чи
аззад, уыдон бар-æнæбары бахъуыд кæстæртимæ хæсты бацæуын.
Сæ зæрдæ саст уыд æмæ сæ цонг дæр слæмæгъ, фæлæ гæрзтимæ
архайынмæ дæсны уыдысты, кæстæртæн зын абырсæн. Сырдон
цæстæй ацагуырдта Базыр æмæ Созыры. Уæлдайдæр Созырæн
тарст, уый фатæй арæхсти, фæлæ цирхъимæ — æвæлтæрд, стæй
нырма саби. Сырдон ауыдта йæ цæсты тигъæй: Базыр æрсырдта
иу бæлццоны æмæ дыууæ дæр кæрæдзи цъыччытæ кæнынц; йæ
фарсмæ Созыр дæр хæцы иу лæджы ныхмæ. Хорз у æмæ Созыр-
мæ уарт ис æмæ йæ уый хизы цирхъы уæлæнгай цæфтæй... «Ба-
зыр ын ницы ауадздзæн, Созырæн феххуыс хъæуы!» — февзæрд
Сырдоны хъуыдыйы. Иу зилгæ риуыгъдæй ассæста йæ размæ чи
фæци, уыдон, æвирхъау цъæхахст та фæкодта æмæ стæй йæхи
фехста Созырмæ. Лæдзæджы цæф æруад бæлццоны чъылдымыл
æмæ уый йæ зæнгтыл æрхауд. Тæккæ уыцы уысм æм баххæст
Созыры цирхъы фындз, æмæ йын йæ риу айгæрста.«Хорз лæг,
хорз цæф!» — сцин кодта Сырдон æмæ фæзылд Базыры ’рдæм.
Уыны, йæ тых-йæ бонæй архайы Базыры знаг, арæхстæй хъуаг
нæу, фæлæ Базыр та уымæй хиндæр: цæф — рæхуыст, цæф —
рæхуыст!.. Базыр йе знаджы цæф уартæй æрнымæг кæны æмæ йæ
цирхъæй та барæхойынмæ тырны...» Йæхи бар ын æй уадзон..» —
скарста Сырдон æмæ та æвирхъау хъыллист фæкодта. Хъæрмæ
Базыры знаг фестъæлфыд, иу æхсгæ каст фæкодта Сырдонмæ æмæ
байсæфт: Базыр æй тæккæ уыцы уысм йæ тых-йæ бонæй барæхуыс-
та, стæй къахдзæф размæ æмæ йæ афæлдæхта. Тыхæлвæст скодта
йæ цирхъ аемæ та йæхи размæ аппæрста. Сырдон иу каст акодта
сæ уынгæг хæцæныл æмæ ма дзы уыны: Сагсуры алыварс стым-
был сты бæлццæттæ, бирæ дзы нал ис, лæппутæ сыл æрхъула сты
æмæ сæ цæгъдæн кæнынц. Иу хъыллист ма фæкодта Сырдон æмæ
йæхи аппæрста Сагсурмæ:
— Лæппутæ, иуварс! Нæхи нын бауадзут! — йæ уæззау лæдзæ-
гæй та дзæхст-дзæхст ралæууыд Сырдон, тырны лæппутæй бæлц-
цæтты ’хсæн бацæуынмæ. Уæд базыдтой сæ бон æрцог тыхгæн-
джытæ, иу дыууадæсы бæрц ма уыдысты æмæ сæ цирхъыты ’нцой
уырдыг ныллæууыдысты. Сырдон ма йæ лæдзæг иу уагъд æркод-
та æмæ фæлæууыд: кæд уацары дæттынц сæхи, уæд ма сæ цы
цæгъдæм?.. Фæлæ йæ фæндæй ницыуал рауад... Сагсур тугамæс-
тæй зилахар кодта сæ алывæрсты æмæ сæ сухты цагъд систа, бау-
ромæн ын нал уыди. Лæппутæ дæр ныр фæныфсджын, фæтуг-
482
лзых сты æмæ æнауæрдонæй цъыччытæ кодтой, ноджы кæрæдзи
хынцмæ сæхи размæ æппæрстой. Сырдон ма сæ иргъæвынмæ хъа-
выд, фæлæ байрæджы... Сырдон Сагсуры цонг ацахсынмæ куыд
хъавыд, афтæ ма уьтй фæстаг бæлццоныл йæ лæдзæг æруагъта,
уæларвæй æруадзæгау, æмæ лæджы бынтон нытътьæпæн кодта
зæххы ’мвæз... Æррайау ма аракæс-бакæс кодта Сагсур, ома иууыл-
дæр цагъды фесты æви ма дзы исчи ис, стæй йæ лæдзæг фехста,
иу æнахуыр богъ фæкодта æмæ зæххыл атылд. Богъ-богъ кодта,
ратул-батул, æрдиаг, куы кæрдæджы гуцъулатæ скъуыдтæ кодта,
куы зæхх тымбыл армæй хоста, стæй та-иу ноджы атылд æрдиаг-
гæнгæ... Ноджы туджы самæхст æмæ йæм Сырдон тарæрфыгæй
каст: цыдæр æрцыд ацы лæгыл, фæлæ цы?.. Лæппутæ дæр тарст-
хуызæй кастысты Сагсуры æвирхъау митæм æмæ Сырдон цы зæгъ-
дзæн, уымæ.
— Уадзут æй! Йæхæдæг æрсабыр уыдзæн...
Сырдон фæзылд лæппутæм, йæ цæст сыл ахаста æмæ сæ афарста:
— Исчи фæцæф?..
Ничи ницы дзырдта æмæ сæм Сырдон бæстондæр ныккаст. Иу
лæппу æмбæхсæгау кодта иннæты фæстæ æмæ Сырдоны зæрдæ
фехсайдта: цæф ма уа?..
— Ардæм ма рауай, лæппу, дзæбæх дæ нæ уынын, — афсон
кодта Сырдон.
Лæппу размæ ралæууыд æмæ Сырдон уайтагъд ауыдта: йæ иу
армæй иннæуыл хæцы, тугæй йæ къухтæ æмæ йæ цирхъы фистон
амæхст...
— Мæ цурмæ, æввахсдæр, цы уайсадыс, — бауайдзæф кодта
Сырдон æмæ йын йæ рахиз арм фæхицæн кодта галиуæй. Къухы
кæстæр æнгуылдз æрдæгыл лыг æмæ йæ туг нæ лæууы... Аракæс-
бакæс кодта Сырдон йæ алывæрсты, цæмæй йæ бабæтта? Ницы
йæм фæцис. Мæрдтыл йæ цæст ахаста æмæ суыдта: Базыр кæй
афæлдæхта, уыцы бæлццоны ’фцæгыл цыдæр урс-урсид уадздзаг
тыхт. Цы уа?.. Цы фæнды уа, бæттæнæн сбæздзæн...
— Базыр, дæ амæттаг лæджы хъуырыл цыдæр урс хæцъил
уынын æмæ ма йæ æрдав...
Базыр æрбахаста даргъ цыллæ уæлæфтау. Сырдон анымадта:
йæ хицау балхон уыд, абырджыты хистæр, ай бæрæгбоны уæлæф-
тау уыдзæн, фæлæ йæ уазалы йæ хъуырыл стыхта!.. Стæй иу на-
рæг уадздзаг рафаста уæлæфтауæй, лæппуйы лыг æнгуылдз йæ
рæбынмæ ’ввахс фидар нылвæста, стæй æнгуылдз иууылдæр стыхта
æмæ бæттæны кæрон балхынцъ кодта. Лæппуйы цæсгом барухс:
иыр мын ницыуал у!..
— Куыд дæм баирвæзт цирхъы ком, нæ йæ базыдтай?
483
— Базыдтон, фæлæ дзы ницыуал гæнæн уыд, хæцынæй дард-
дæр... Æвыдæй мæ нæ баззад, барæхуыстон æй... Фæлæ ме ’нгуыл-
дзы æрдæг цыдæр фæци...
— Цæй, уый мауал агур, — бахудызмæл Сырдоны цæсгом. —
Цы ’рдæг ма дзы аззад, уый сдзæбæх кæнæм... Сихорафон мæ
бацагур æмæ дын йæ баст райхалон, исты хос мæм кæд разынид.
Ма тæрс, иннæ хæстмæ дын, Фатакуйы дымæгау, цъыллынджы-
тæ кæндзæн...
Лæппутæ бахудтысты. Фатакуйы зæдтой иууылдæр. Лæппу дæр
худы:
— Куыдз къуылыхæй нæ мæлы, Сырдон, куыдзы хæст у æмæ
байгас уыдзæн...
— Гъе, æмæ æгайтма нæ тæрсыс... Уый хорз... Уалæ нæ барæг
æфсад дæр æртæрынц сæ бæхтæ!.. Фæсхуым — ело!.. — Сырдон
фæмæсты, фæлæ йæ лæппутæн равдисын нæ фæнды йæ маст æмæ
Базырмæ бадзырдта: — Базыр, мæ хур! Ацы уæлæфтауы хицау сæ
хистæр уыд æмæ йын йæ гæрзтæ дæр рахицæн кæн, йæ дзауматæ
дæр. Нæ уацары бафæрсæм: æцæг хистæр уыд?.. Кæд ма уæ исчи
чысыл цæф дæр у, уæддæр æй бабæттут, туг куыннæ фæцæуа.
Хæсты цæф хъæбатыры гакк у, сымах та йæ æмбæхсгæ кæнут...
Азилут, гæрзтæ æрæмбырд кæнут... Сугъаритæ дæр уæм фæкæс-
дзысты... Æз та Сагсурмæ фæкæсон... Мах нæхæдæг ацæудзыс-
тæм мигъвæлммæ... Сымахæн — Сугъар уæ хистæр. Базыр æмæ
Созыр, сымах та мемæ!..
Лæппутæй куы фæхицæн сты Созыр æмæ Базыр, уæд сын загъта:
— Цæут, цыппар дзæбæх бæхы æрцахсут æмæ сæ цæттæ дарут.
Нæ цыппар иумæ ацæудзыстæм бæхтыл. Сагсурæн фистæгæй зын
уыдзæн...
Сырдон бацыд Сагсуры цурмæ æмæ æрбадт йæ фарсмæ. Ныр
Сагсур æрсабыр æмæ хуыссыд уæлгоммæ. Цыдæр æнкъардæй каст
уæларвмæ. Йæ цæсгом, йæ къухтæ, йæ дарæс — иууыл тугæй ахуырст.
Къухтæ — фæйнæрдæм æппæрст, армытъæпæнтæ уæлгоммæ, ту-
джы фæзгъæртæ сыл ныхъхъæбæр сты. Сырдоны зæрдæ барызт
йæ уындæй æмæ йæхимæ кæсынмæ фæци... Уый дæр иууыл туг-
хъулон — къухтæ, дарæс... Гъе уый дын нæ митæ! — фесхъиудта
Сырдоны мæтæйдзаг хъуыды. Цы гæнæн ис, фæцæуын хъæуы
уæрдæттæм, уым æрсабыр уыдзæн...
— Цæй, куыд, хорз лæг, ам ма бирæ улæфын дæ зæрды ис?..
Цæуын афон у... Уазал зæххыл хуыссынæй уæрдоны, нымæтыл
хуыздæр нæу?..
— Ныртæккæ ацæудзыстæм, Сырдон, фæлæ мæ лæг мауал хон...
Æз та сырд фестадтæн фæстæмæ... Æгъатыр сырд, бирæгъ!..
484
Уæтæрмæ баирвæзтæ, уæд сæ иууылдæр ныццæгьд, сæ хурхы
сæртæ сын ракæн!.. Бирæгьæй лæг нæ цæуы!..
— Уый бынтон афтæ нæу, ме ’фсымæр, — æнкъардæй райдыд-
та Сырдон. — Мæнæ ма мæнмæ дæр æрбакæс, — Сагсур æм æцæг
фæзылдта йæ цæсгом æмæ кæрæдзимæ фемдзаст сты. Сагсуры
цæстæнгасæй Сырдон бамбæрста, йæхи цæсгом дæр тугамæст у
æмае дзы Сагсур фæтарст... — Бирæгъæй мæ искуы зыдтай?..
Ннкуы, фæлæ æз дæр сбирæгъ дæн!.. Сбирæгъ!.. Цы кæнон?..
Искæмæ лæбурын?.. Искуы мæ кусарт акæнгæ федтай?.. Уæдæ
цæй бирæгъ уыдтæн?.. Фæлæ мæ уадзынц? Лæбурынц мæм би-
рæгътæ, а дунейы бир-бирæ бирæгътæ æмæ сæ æз фæлидзин, нæ
мæ аййафдзысты, фæлæ сæ кæдмæ лидзон, стæй кæдæм?.. Науæд
ралидз-балидз æмæ рамбæхс-бамбæхс цард у? Цæмæн бахъуыд
ахæм цард, кæй? Цы кæнæм?.. Нæ сабиты æмæ нын нæ сылыс-
тæджы хъуамæ бахордтаиккой ацы бирæгътæ?.. Уæд ма лæгтæ
хуындаиккам?.. Бирæгътæ нæ алыварс сты, мах сæ æрмæст нæхи
хизæм, цы кæнæм æндæр?.. Нæ цонгвыдтæй сæ хæссæм?.. Уæдæ
мах азым циу?..
— Раст нымайыс, Сырдон, — æрхæндæгæй разы кæны Сагсур, —
фæлæ мæ зæрдæ нæ амоны мæнæ ацы къухтæй, — Сагсур рабадт
æмæ йæ армытъæпæнтæм лыстæг ныккаст, — утæппæт адæмы
ныццæгъд, стæй сæ дæ сабийы рæвдау!..
— Раст дзурыс, ме ’фсымæр... Раст у, фæлæ нæ цард иууыл
фыдæвзарæн у, æмæ цы кæнæм?.. Батонæм ацы фыдæвзарæн дæр,
æндæр нæу нæ хъизæмайраг царды фадат æмæ фæразæм, кæд нæ
сабиты ацы бирæгьтæй бахизиккам, стæй, чи зоны, уыдон сырды
зондæй рахицæн уой æмæ сæ адæймæгтæ рацæуа. Æз æндæр ницы
ныфс зонын, ме ’фсымæр, дæуæн дæр æмæ мæхицæн дæр...
— Ехх, фæлтау мæ куы нæ фæиппæрд кодтаис мæ сырды цар-
дæй, чи зоны, афонмæ искуы наммардаин æмæ мæм ацы хъизæ-
мар нал æрхаудаид! — ныхъхъæрзыдта Сагсур æмæ сыстад.
— Уæд æз та цы зæгъон, ме ’фсымæр?.. — нæ фæхицæн Сыр-
дон йæ хъуыдыйы рисæй. — Ацы хъизæмарæй куы цæрын æз мæ
сабийæ фæстæмæ?.. Ирвæзт дзы нæй, ме ’фсымæр, афтæ у а дуне...
Чи зоны, иууыл бæрзонддæр лæгдзинад а-дунейыл хъизæмарæн
фæразын у, цы бæрæг и?.. Бирæгъты ныццæгъдын лæгдзинад у,
фæлæ уымæй дæ уды хъизæмар нæ фæкайдзынæ... Хъуамæ йæ
хæссай, фæразай, быхсай!.. Уый æнцондæр у? Мæ нымадæй, зыи-
Дæр у... Æмæ, чи зоны, уымæн стырдæр лæгдзинад хъæуы...
— Фæцæуæм, ме ’фсымæр, ды растдæр нымайыс, æвæццæгæн...
Хæсдзынæн æз дæр мæ уды хъизæмар, æндæр æй кæмæн суаргъ
кæнон?.. Ды мын дæ æмæ дæхи уаргъ ноджы егъаудæр у... Цæ-
485
уæм, ме ’фсымæр, цæуæм æмæ быхсæм, куы нал фæразæм, уæд
нæ зæхх йæхимæ кæд айсид æмæ нæ домд стджытæ искуы æнцой
ыссариккой... Æндæр æз ницы зонд ахсын ме ’дылы сæрæй...
Сырдон Сагсуры сагъæстæм ноджы нырхæндæг æмæ йæ ай-
рох, цæуын æй кæй хъæуы. Стынвæнд нæма кодта æмæ та йæм
Сагсур бадзырдта:
— Цом, афон у... Уæлæ лæппутæ дæр сæ хъуыддаг, æнхъæл-
дæн, бакодтой æмæ цæуынхъус сты... Æцæг, ахæм хуызы мæ са-
бийы раз куыд балæудзынæн?..
Сагсуры фæстаг ныхасмæ, сабийы коймæ, Сырдон фестад æмæ
та йæ армытъæпæнтæм, йæ фæлыстмæ æркаст: афтæмæй чи фена
мæн дæр, уый цы зæгъдзæн?
— Хорз лæг, цæй, мах дæр бæхтыл сбадæм æмæ мигъвæлмы
кæрæтты донбылмæ ныййивгъуыйæм, ныхсæм нæхи дæр, нæ дарс
дæр. Куы ссур уæм, хур бон у æмæ кæд тагъд ссур уаиккам — уæд
фæцæудзыстæм: ды дæ бинонтæм, æз Фатакуймæ. «Æндæр мын
ничи ис...» — хъуамæ загътаид Сырдон, фæлæ йæ цæсгом нæ ба-
хъæцыд: мæхи цы тæригъæддаг кæнон ацы тыхст лæджы раз...
Сырдон фæдзырдта Базырмæ æмæ бæхтыл сбадтысты цыппар
дæр. Иумæ цыдысты мигъвæлмы кæрæтты стыр доны былмæ.
Сугъар йæ азым зыдта — байрæджы йын хæцæнмæ — æмæ сæм
ницы сдзырдта. Æрæмбырд кодтой лæппутимæ цагъд адæмы гæрз-
тæ, æрцахстой бæхты, мæрдты бавæрдтой æмæ стæй изæрырдæм
рацыдысты чырæтæм. Сырдонитæ ныййивгъуыдтой доны былмæ
раст сихорафонмæ æввахс æмæ уым Базыр æмæ Созырæн бар
радтой уæрдæттæм ацæуынæн, бæхты дæр уемæ аласут, зæгъгæ.
Æцæг ма сын Сырдон сæ зæрдæ бабуц кодта:
— Хъæбатыр лæппутæ разындыстут уæ дыууæ дæр, æцæг хæс-
тонтæ!.. Искуы куывд куы кæнæм, нæртон куывд, уæд уæм’нуа-
зæнтæ ратдзыстæм!.. Æмбæлы уæм!.. Базыр, ды та ма уыцы да-
рæс уæхимæ бафснай, хъæудзысты мæ, чи зоны, изæры дæр...
Созыр, ды та Армимаз æмæ Алафарнæн зæгъ: уæ зæрдæ ма ’хса-
йæд, мæнæ нæхи æрхуызæн кæндзыстæм æмæ сæм стæй зындзы-
стæм. Цæут!..
Сырдон æмæ Сагсур иу къæдзæхы фæзгъæры рæбын цы бай-
бын ссардтой, уым сæ дзауматæ раластой, ныхсадтой сæ æмæ сæ
хурмæ байтыгътой. Сæхи доны фæлхъазæнты ныхсадтой, нын-
надтой сæрæй къæхтæм æмæ стæй сæ дарæс куы ссур, уæд скод-
той сæ дзауматæ æмæ кæрæдзимæ кæсыныл фесты.
— Цы уыдыстæм, авд ахæмы фæхуыздæр стæм, Сырдон, куыд
зæгъыс?..
— Æвзæр хорз нæ кæны, Сагсур, фæлæ йæ хорз æфсымæры
486
дæуазн дæр æмæ мæнæн дæр ничи ратдзæни, — йæ мидбылты худы
Сырдон æмæ йæ Сагсур йæ дæларм æрбаууæрста:
— Гъæтт, хинæйдзаг!.. Хорз у, æмæ дæ Хуыцау ме ’фсымæр
фæкодта, æндæра дæ дон нæ хæрдмæ ластаид, нæ уырдыгмæ!..
Мæ низæй та мæ фæхицæн кодтай!..
— Цæгæр хосгæнæг куы уаид, Сагсур, уæд фыццаг йæхи сæ-
рæн схос кæнид, цæй низ асурын мæ бон у, фæлæ уæдæ цы кæ-
нæм? Иууыл нæхимæ хъусыныл куы суæм, уæд ма ацы фæллад
æмæ æгъицау адæмыл та чи ’рмæт кæндзæн?..
* * *
Изæры Сырдон æрæмбырд кодта Сугъары халагъудмæ хис-
тæрты, кæстæртæй дæр цалдæры: Созыр æмæ Базыры, Кæфхор
лæппуйы — Сырдон æм хæсты райдиан йæ цæст дардта æмæ фед-
та, æцæг рæстдзæвин у, æртæ æхсты бон æй фæци æмæ æртæ
фаты дæр фæйнæ лæджы афæлдæхтой! Халагъудмæ ма бахуыд-
той барджытæй дæр æртæ лæппуйы — Цорæ, Цæлой æмæ Бор-
сæйы. Хуазар æмæ Хæмæт та æрбакодтой сæ уацайраджы Фæр-
ныгимæ.
Алафарн, Армимаз, Фæрныг, Сагсур æмæ Сугъар æрбадтыс-
ты. Кæстæртæ лæууынц, уацар дæр Хуазарæй Хæмæты ’хсæн,
æцæг ын йæ къухты баст райхæлдтой. Сырдон хистæрты раз уыр-
дыг ныллæууыд æмæ сын ракодта хæсты хабæрттæ. Сæхæдæг дæр
сæ зыдтой, фæлæ Сырдон хæсты астæу кæм уыд, стæй раздзог,
уым хъуыддаг бæлвырддæр зыдта. Тызмæг уыд йæ цæсгом, цæх-
гæр йæ ныхас:
— Сугъар æмæ йæ барджытæ абон къæмдзæстыг сты нæ разы.
Хæцæны иу лæджы ’ххуысæй.дæр хъуыддаг сырæзы, иу лæгцу-
хæй та хæлгæ фæкæны... Хорз уыд, æмæ дзæгъæлдзутæ махæй
фылдæр нæ разындысты, стæй сæм æвиппайдæй фæлæбурдтам...
Хæцын та уæлбæхæй уыд сæ ахуыр... Фистæгæй, цирхъæлвæс-
тæй мах лæппутæ æнарæхстдæр нæ уыдысты. Æцæг, нырма саби-
тæ сты, сæ цонджы тых нæма сфидар... Хæсты тас дæр фыццаг
хатт æвзæрстой æмæ сын зын уыд... Фæлæ сыл уæддæр фæтых
стæм... Нæ фæцарæхстысты уыдон фатæй æхсынмæ дæр, бæхтæм
куы баирвæзиккой, ууыл уыдысты... Мах фатæхсджытæ та — гьæйтт-
мардзæ! Мæнæ Хæрзоймæ мæ хъус дардтон — æртæ æхсты бон æй
фæци æмæ дзы иу дæр нæ фæивгъуыдта... Сгуыхт лæппу у Хæр-
зой æмæ йæ иууылдæр зонут! Хорз расгуыхтысты Созыр æмæ
Базыр дæр. Æхсынмæ Созыр рагæй дæсны у, фæлæ дзæбæх арæхсы
цирхъæй дæр. Афтæ Базыр дæр. Уый сæ тæккæ тыхджындæримæ
487
фæхъуырæй-хъуырмæ, фæлæ йæ рафæлдæхта лæгæй лæгмæ хæс-
ты! Ацы дыууæ лæппуйы дæр расгуыхтысты æмæ йæ зонут!.. Иннæ
лæппутæм та уымæн фæдзырдтон: Хуазар æмæ Хæмæт æцæг хæс-
тонтæ сты, кæдæм сæ фæцаразай, уырдæм, æхст фатау, тæхынц,
тæссаг у, йе нæу, уый не ’взарынц... Хъуамæ сæ лæппутæ зоной,
æмæ фæзмой!.. Иу ныхас ма: Сугъаритæн барст фод абоны рæ-
дыд, фæлæ сæ зæрдыл дарæнт — мах нæ фæцарæхстыстæм, уæд
нæ къуыхтæй баййæфтаиккой хæцæны æмæ нæ мæрдтæй нал раз-
дæхтаиккой!..
Фæнды ма мæ иу хабар базонын: Базыр цы лæджы ракъуырд-
та, уый цыма сæ раздзог уыд, æмæ йæ, чи зоны, йæ дарæс æмæ йæ
гæрзтæй уацар базона. Базыр, фынгыл ма йын æрæвæр йæ гæрз-
тæ æмæ йæ уæлæфтау... Фæрныг, ды бафæрс уацары: кæй сты
ацы дарæс æмæ гæрзтæ?
Уацар урс уæлæфтау æмæ гæрзтæ куы ауыдта фынгыл, уæд
мардау фæци æмæ йæхæдæг бафарста Фæрныджы: «Адон нæ раз-
дзоджы гæрзтæ куы сты, йæ цыллæ уæлæфтау, уæд уын кæм уы-
дысты?..»
Фæрныг ма аныхæстæ кодта уацайрагимæ æмæ адæмæн ра-
дзырдта: уæлæфтау æмæ гæрзтæ сæ раздзоджы сты. Урс цыллæ
уæлæфтау, схъæлфындз кард æвзист кæрддзæмы, — уыдон йæ
раздзоджы бæрджытæ сты, йæ цирхъ дæр сыгъдæг æндонæй конд
у, стæй йын зынаргъ фистон ис, бирæйы аргъ!..»
Сугъар кæд тынг къæмдзæстыгæй бадт уæдæй нырмæ, уæддæр
ныр йæ астæу сраст кодта æмæ йæ цæсгом фæрухс: расгуыхт йæ
иунæг бындар! Дзæгъæлы йæ не ууындзыдта. Хорз у, æмæ йæ
Сырдон йемæ акодта... Раст лæг у Сырдон, никæй сгуыхт басусæг
кодта, мæн дæр рæстæй æфхæры, куыдзы рæдыд фæкодтон!..
— Фæрныг, иу хабарæй ма йæ бафæрс: мыййаг сæ раздзог
иннæ балмæ æрвитинаг уыд искæй?..
Фæрныг фæракъах-бакъах нюдта уацары æмæ стæй радзырд-
та: æрвитинаг, дам, уыд агурæг, уый, зæгъы, æртæ балæн дæр
хистæр уыд, фæлæ, дам, арвыста æви нæ, уый нæ базыдтон.
— Хорз, фод афтæ. Ныр æй акæнут йæ бынатмæ. Иу дзуринаг
ма мæм ис... Ацы гæрзтæ — цирхъ æмæ кард — мæ нымадæй æм-
бæлынц Сагсур æмæ Базырмæ: цирхъ — Сагсурæн, кард —Базы-
рæн! Фæлæ уал нырма ам ауыгъдæй лæууæнт урс уæлæфтауимæ.
Ацы бынатмæ чи ’рбацæуа, уый йæ куыд зона: ис нæм нырма
сгуыхт лæгтæ!.. Нарт иу лæгæй нарт никуы уыдысты. Сгуыхтæй
сгуыхтдæртæ дзы уыди, фæлæ сæ ном æмæ сæ лæгдзинад иумæ-
йаг уыдысты се ’ппæтæн. Алы нæртон саби дæр сгуыхт лæджы
бындзæфхад у, — гъе уымæй нарт стæм æмæ уыдзыстæм. Нæ билць,
488
нæ мыггагæн сæфæн нæй, кæрæдзийыл куы хæцæм, нæ хорз куы
нымайæм, не ’взæр куы зонæм, уæд.
Сугьар, ды азымджын дæ æмæ хæцæны лæппутæн исты хорзы
бацу. Кусæрттаг дын хистæртæ ратдзысты... Хæцæны чи нæ уыд,
уыдон та бафæдзæхс — дзагъырдзæстæй кæсæнт нæ алфамблай.
Хистæртæ, нæ абоны тæрхон уал фæуæм æмæ нæ кæстæрты ба-
рæвдауæм!.. Стæй райсом исты фæндтæ кæндзыстæм... Ныр та
Сагсур æмæ мæнæн бар радтут æмæ баулæфæм, тынг фæллад
стæм...
Сразы сты Сагсур æмæ Сырдоны ауадзыныл. Сагсурæн тынг
тæригъæд кодтой, кæугæ æмæ йæ ратул-батулгæнгæ куы федтой,
уæдæй фæстæмæ, æмæ Сырдоны дæр уымæн ауагътой — иунæгæй
аив нæ уыдзæн!.. Сырдоны та æндæр мæт уыд: уый хъуамæ ахсæв
стæха айнæджы сæрмæ æмæ фæндаг æрцагура... Ам лæугæ нæу,
мыййаг, уыцы дзæгъæлдзутæм кæд æцæг арвыста сæ хистæр, уæд
та сом уа-иннæбон ногæй хæст æмæ ма сыл фæтых уыдзыстæм?..
Ардыгæй цæуын хъæуы, стæй тагъддæр!..
Сырдон æмæ Сагсур рацыдысты сæ уæрдæттæм. Сагсур дзы
гал бузныг фæци. Нырма дæр йæ уæнгтæ дыз-дыз кодтой, зæхх
æй йæхимæ ласта, фæлæ æвастæй рацæуын æфсæрмы кодта, йæхи
ракурын та йæ цæсгом нæ хъæцыд. Сырдон ын йæ зæрдæйы уаг
хатыд æмæ йын «Хæрзæхсæв» загъта, стæй алчи йæ уæрдоны гу-
ыффæмæ араст.
Сырдон чысыл аулæфыд уæрдоны гуыффæйы, Фатакуйы дæр
йæ хъæбысмæ систа, афтæмæй. Банхъæлмæ каст куывды райхæлд-
мæ, стæй айхъуыста йæ алфамблай æмæ йæ куы бауырныдта, мигъ-
вæлмы бын бæстæ ныссабыр, уæд растад, Фатакуйæн ныффæ-
дзæхста уæрдон хъаггæнын, йæхæдæг мигъвæлмы чъилæй рахызт,
скасти арвмæ. Арв — ирд æмæ æвæлмас. Зæронд мæй кæмдæр
æрвгæронæй гæзæмæ рухс кæны, фæлæ уæддæр кæд фенид йæ
сомы развæндаг... Сырдон цæргæсы хуызы бацыд æмæ йæхи сын-
дæггай систа айнæджы сæрмæ, стæй ноджы бæрзонддæр æмæ уым
зилахар райдыдта... Федта, хъæд суангайнæджы цъупмæ — æмгуы-
дын тар хъæд... Йæ зæрдæ бауынгæг: фæндаг акæнæн дзы ис,
фæлæ кæд уыдзæн, мах та фæстейæ сурæг ис... Айнæджы тыл
рагон фаст, цирхъы комау æй йæ рæбынмæ ахауын кодта дон...
Чизоны уый бæрц уæрæх нæ уа, хъæдæй дзы хид саразæн уа,
фæлæ уый дæр кæд уыдзæн, стæй уæрæх куы разына?.. Боныгон
схизын æмæ фенын хъæудзæн... Айнæгæн фаллаг фарс быгъдæг
тæссар, уым уæрдæттæ сæрибарæй ныццæудзысты айнæджы рæ-
бынмæ... Нæ зын — айнæджы сæрмæ фæндаг æмæ стæй уым хид
саразын... Иууыл стырдæр фыдбылыз та — куы нæ ссарой дзæ-
489
гъæлдзутæ!.. Базондзысты, се ’мбæлтты сын кæй ныццагътам æмæ
тугисыныл ныллæудзысты... Куы сыл фæтых уæм, уæддæр нæ
фæсивæд æрдæг фæуыдзысты æмæ ма уæд цы у нæ лыгъды сæр,
уæд фæлтау нæ уæзæгыл фæцагъды уыдаиккам, атæппæт хъизæ-
мар ма цæмæн бавзарын кодтон адæмæн?!
Æртахт фæстæмæ Сырдон. Йæ зæрдæ ницæмæй барухс: фæн-
даг хъæуы æгæндæг тар хъæды, стæй хид аразын!.. Фæлæ дзы
уый фадат дæр ис? Былæй былмæ хъæд куынæ ’ххæсса, уæд цы
кæндзыстæм? Стæй нæ кусын бауадздзысты? Æрхуыссыд та Сыр-
дон йæ уæрдоны гуыффæйы, фæлæ катай æмæ сагъæсæй йæ хуыс-
сæг фæлыгъд. Дзагъырæй каст уæларв стъалытæм. Иуахæмы фæ-
хатыд, стъалытæ куырыг кæнын райдыдтой, — бонырдæм фæци
æмæ нал бафынæй уыдзæн лæг, фæлтау сыстон æмæ мæхи аир-
хæфсон мигъвæлмы кæрæтты... Растад Сырдон, йæ уæлæфтауы
йæхи æрбатыхта, уазал уыд райсомы цъæхыл, æмæ рараст мигъ-
вæлмы кæронмæ. Фатакуй дæр йæ фæдыл цæуынмæ фæци æмæ
йын Сырдон фæтæригъæд кодта: æнæрæвдыд, æнæркаст баззад,
хæдзаргæс æмæ дзы галгæс скодтон, уый цæй цард у? Æццæй нæ,
Урсдзых? — Сырдон æргуыбыр кодта куыдзмæ æмæ йын йæ
фæсхъус аныхта: уый иууыл æхсызгондæр рæвдыд уыди Урсдзы-
хæн æмæ фырцинæй схъыс-хъыс кодта... Азылд Сырдон мигъ-
вæлмы кæрæтты æмæ йæхæдæг дæр нæ фæхатыд, афтæмæй кæд
æрхæццæ, абон Сагсуримæ йæхи кæм надта, уыцы байбынмæ.
Æрбадт хуыртыл Сырдон. Æрбадт йæ цуры Фатакуй дæр. Уый
æнхъæл уыд, Сырдон йæхи найынмæ хъавы æмæ йæ нæ фæндыд
уазал доны балæгæрдын. Куы базыдта, Сырдонмæ ахæм фæндæй
ницы ис, уæд ын æхсызгон уыд, йæ фæстæгтыл æрбадт, къæпдзы-
хæй каст тыппыр фæйлауæнтæм. Кæсы сæм Сырдон дæр æмæ йæ
фæнды, æвиппайды куы асур уаид ацы фурд æмæ йæ чырæтæ
æнцад-æнцой куы ахизиккой фаллаг фарсмæ!.. Зоны йæ, уыдон
тыхст уды фæндийæгтæ сты æмæ сын æрцæуæн нæй, æмæ ноджы
ныууæззау йæ зæрдæ. Æвиппайды йæ хъуыдыйы февзæрд: гъе,
æвæдза, мæ фыды куы бафæндид, уæд уый ныууромид ацы дон
дæр!.. Цæй, куыд æй ныууромид? — уайдзæф кæны йæ сонт хъуы-
дыйæн Сырдон, — стæй йæ кæдæм аздахид? Дон быдыры куы
сцад уа, уæд бæстæ фесæфдзæн!.. «Уымæй йын йæхи бафæрсын
хъæуы!» — бадзырдæуыд кæцæйдæр Сырдонмæ æмæ уый фес-
тъæлфыд: ай, æцæг бынтон æдылы куы дæн!.. Уастырджи мæ сит-
мæ не ’рцæудзæн, фæлæ мæ фыды цæуылнæ бафæрсын?.. Кæд
■ ма мын исты хос ис фервæзынæн, уæд æй мæ фыдæй хуыздæр чи
зондзæн?..
Бады Сырдон, сагъæс кæны, йæ миднымæр дзуры йæ фыдмæ:
490
«Рагæй фæстæмæ дын маст æмæ хъыджы сæр дæн, хорзæй мæ
иицы зоныс, мæ фыд, æмæ мын ныггæдзæ кæи... Тыхсын та дæ
кæнын, фæлæ æндæр кæмæ адзурон?.. Ничи мын ис дæуы йеддæ-
мæ!.. Адæмы бæрны бацыдтæн, Уастырджийы уынаффæйæ сæ
ирвæзынмæ ракодтон ацы хъизæмары фæндагыл æмæ ма сын цы
кæнон?.. Куыд ахизон доны сæрты?.. Фос, уæрдæттæ, сабитæ...
Дон сæ фæласдзæн... Хид нæй... Цы кæнон, мæ фыд, исты мын
бацамон?..»
Йæ миднымæр дзуры йæ хъæстытæ Сырдон, фæлæ мад-фыды
зæрдæ хъæбулы сидт мæрдтæм дæр хъусы, Сырдоны фыд та —
тыхджын æмæ цæрдæгас дуаг... Фехъуыст æм йæ хъæбулы хъаст.
Доны уылæнтæ хæрз æввахс спуси сты æмæ сыстад уæйыгæнгæс
дуаг, доны цыхцыртæ лæдæрсынц йæ донгъуыз пæлæзæй... Фæ-
гæпп кодта Сырдон дæр æмæ кæсы йæ фыды цæсгоммæ. Кæсы
æгомыгæй æмæ йæ хъустыл уайы:
«Ма тæрс, мæ хъæбул! Ды куыд нымайыс, ахæм сæфты ран
нæ дæ. Ис ирвæзæн амал. Тар хъæд, ды куыд нымайыс, ахæм
æмгуыдын нæу. Уыдис дзы кæддæр фæндаг. Ныр ыл талатæ
сзад, фæлæ уыдон срæмудзын æмæ иуварс аппарын сымахæн
бирæ куыст нæу. Ис айнæджы цъуппыл хид дæр. Ды йæ мæйы
рухсмæ нæ федтай, æндæра ис. Схиз æмæ йæ фен, æрбæрджы-
тæ кæн Аæндаджы рагон ныв дæр. Ракæн æм адæмы æмæ уын
цалдæр бонмæ арæзт фæуыдзæн. Æцæг уæм рæхджы зындзыс-
ты уе знæгтæ. Уыдонимæ уын хæцгæ у, цæгъдын сæ хъæуы,
науæд уæ фæдыл цæудзысты, æркæндзысты æндæрты дæр æмæ
уæ цæрын нæ ныууадздзысты... Зын у, фæлæ — дæ хъару æмæ
дæхæдæг... Æргом хæстмæ мæнæн рацæуæн нæй... Адæмы уал
ахизын кæн айнæджы иннæ фарсмæ, стæй уæд лæппутимæ хæц.
Фыццаг уал сын сæ бæхтæ байс, уæд никуыдæм фæцæудзысты,
фистæгæй хæцдзысты æмæ дын ницы ракæндзысты. Ды тыхд-
жындæр дæ. Фæлæ дзы макæй ныууадз удæгасæй. Сæ бæстæм
дзы хъæргæнæг дæр куыд ничи фæуа! Цу, мæ хъæбул, архай,
араз æмæ цæр!.. Ныр дæ фыдæвзарæн йæ кæронмæ фæхæццæ
кæны, фæлæ фидар лæуу. Адæмы дæр ныфс бауадз, уæд, мæнæ
ацы донау, айнæг дæр цæртхуынкъ фæкæндзысты... Базыдтой
йæ, уарзыс сæ, æууæндынц дыл, æмæ мацæмæй тæрс. Семæ у,
семæ цæр, рæвдау сæ æмæ дæ зæрдæ рæвдыд уа!..»
Цадæггай, зарæджы кæронау, нымæр кæны Сырдоны хъусты
йæ фыды ныхас. Цыдæр æнахуыр тых хъазын райдыдта йæ уæнг-
ты, йæ туджы. Цины тавсæй нæрсы йæ зæрдæ, цыма йын нырмæ
цъитийы скъуыды уыдис, уыйау. Цæсгомыл худызмæл уылæнтæ
кæны... Æвиппайды Сырдон фæхатыд, нал хъусы йæ фыды ны-
491
хас æмæ йын бузныг дæр нæ загъта... Гъæтт, мæ зынджы хайыл!..
«Баба!..» — сабийау иу цъæхахст фæкодта Сырдон, фæлæ бай-
рæджы, — йæ цæсты раз рæсуг æмæ уазал дон сындæггай ивæзта
йæ тыппыр уылæнтæ, æндæр дзы ницыуал уыд...
Йæ мидбынат æрбадт Сырдон æмæ йе ’муд куы ’рцыд, уæд
Фатакуйы йæ хъæбысы ныттыхта æмæ йын йæ урс мукъутæн пъа-
тæсиста. «Фервæздзыстæм, Урсдзых, фервæздзыстæм! Æмбарыс?!
Фер-вæз-дзыс-тæм!!!»
Сырдон зæрдæрухсæй æрбаздæхт доныбылæй æмæ та ныххуыс-
сыд. Æртæфст ыл йæ дысоны æгъуыссæг æмæ, сабийау, тæгæр
фынæй аци. Фатакуй дæр йæ дæлфæдтæм ныххуыссыд æмæ ба-
фынæй. Зыдта йæ, ныр ын уый бар ис!..
Хур дзæбæх суад арвыл, æрæндæвта æмæ Сырдон райхъал.
Йæ уæнгтæ айвæзта æмæ та йæхимæ фæхатыд йæ раздæры хъару,
цыма йæ дардвæндаджы дудгæбонтæ фыны фенæгау уыдысты.
Æхцон у йæ зæрдæйæн: ныр къæдзæхтæ дæр бадон кæндзæн йæ
армы дзыхъхъы, фæлæ адæмы фервæзын кæндзæн!..
— Сырдон! Уæ, Сырдон!.. Йед у, хистæртæ дæм дзурынц...
Йед, дам, у, æнхъæлмæ, дам, дæм кæсæм... — Айхъуыста Сырдон
æддæмæ: Фæрныг мæм йæхæдæг рацыд хонæг, худинаджы бын
фæдæн!.. Фæхъил кодта йæ сæр æмæ дæлæ рæтæнæгъдты цур
лæдзæджы ’нцой лæууы Хæмæт...
— Гъæтт, куыдзы хъæвдын, кæй фæзмыс, кæ, алæ-ма! — рагæпп
кодта Сырдон æмæ лæппуйы йæ хъæбысмæ фелвæста, чысыл къæ-
бысау. — Хъуамæ дæ нытыссæг кæнон, галиу лæппу! — æрæргьæвта
йæ Сырдон æмæ йын йæ сæры пыхцыл хил рæвдауы йæ армы
тъæпæнæй. — Хорз лæг дæ, мæ лæппу!.. Дæ фыдæй дæр, мæнæй
дæр хуыздæр лæг дæ!.. Ноджы мæ арæх куы хонай, уæд та ноджы
хуыздæр — æз хин лæг дæн, дзæгъæлы дæ, мыййаг, не ’ппæлын!..
— Йед у... Хин æз дæр дæн, мæ фыдыстæн, фæлæ мæ æгæр
цыма стауыс... Мæ фыд йæ фырытæй иу рауæлдай кодта æмæ дзы
рæхджы ницыуал рантысдзæн, — худы Хæмæт.
— Цæй, сæр бахъуыд, уæд та дзы рауæлдай кæндзæн, афтæ
чъынды нæу.
— Бæргæ, бæргæ!.. — бакодта Хæмæт æмæ араст сты Сугъары
халагъудмæ.
Сырдоны æрбацыдмæ æмбырдæй æнхъæлмæ кастысты Алафар-
нитæ. Сугъар ма цыдæртæ хаста фынгмæ. Сырдон раарфæ кодта
йе ’мгæрттæн æмæ сæ цуры æрбадти. Сугъар йæхи кæй сайдта фынг
рæвдз кæныны ’фсон, уый фæхатыд æмæ йæм рахъæр кодта:
— Æруай-ма, Сугъар, хъæуыс мæ! — æрбацыд Сугъар æмæ
зылынджыны лæуд скодта йæ разы. — Лæппу, цы ’мбæхстытæ
492
кæныс? Ам кæд исчи йæ удæй арт цæгъды, уæд ды куы дæ?.. Æви
мын зæронд бирæгъ æнхъæл дæ, хæргæ дæ акæндзынæн?.. Дæ
азым дын знон хистæрты раз загътон æмæ фæци. Дæ къух æри
æмæ ферох кæн зноны ныхас, фæци!..
Сырдон Сугъары къух нал суагъта, йæ фарсмæ йæ æрбадын
кодта: «Ницыуал нæ хъæуы, ам бад. Исты ма, уæд кæстæртæ ис...»
Фæрныг ракуывта, фыдбылызæй кæй фервæзстысты, уый тых-
хæй фæарфæтæ кодта æмæ кувæггаг Сугъармæ авæрдта — кæстæр
у! Куывды рад Сырдонмæ куы ’рхæццæ, уæд афтæ бакодта:
— Сагсур æмæ мæ хæйттæ хæрутæмæ цæуылнæ куват!.. Фæлæ
хорз бакодтат, мах абон балцы цæуын хъæуы уæлæ хæхтæм æмæ
нæхи хорз сæфсаддзыстæм... Æцæг зæгъын. Хъуамæ айнæджы
сæрмæ ссæуæм æмæ афæлгæсæм. Чи зоны, исты амал ис доныл
ахизынæн æмæ мах та ам нæхи мæтæй хæрæм... Изæрмæ ам уы-
дзыстæм æмæ ма нын кæд Фæрныг æмæ Сугъар исты ауадзой нæ
хъуыры фæлладæй, уæд сæ галы бузныг уыдзыстæм... Ныр та,
Сагсур, хæргæ æмæ хæхтæм — цæугæ!
— Йед у... Уæ хъуыры дæр цæуылнæ, — радзырдта Фæрныг. —
Кæд исты хорз хабар æрхæссат, уæд уын иу хуынд мæнмæ, цыдæр-
тæ ма ис мæ уæрдæттыл æмæ ма мæ цы боны хорзмæ хъæуынц!..
— Уый — ныхасы дзæбæх! — нал фæлæууыд Сырдон. — Изæр-
мæ ам уыдзыстæм, стæй хорз хабар хъуамæ зæххы бынæй дæр
скъахæм! Науæд замманайы хуынд сæфы...
* * *
Сырдон æмæ Сугъар хъæды иу чысыл куы бауадысты, уæд
кæсынц æмæ сæ разы тæссармæ цæуы карст уадздзаг — хъæд ацы
ран кæддæр æрдызт æрцыд, ныр ыл бæрзы талатæ сзад, фæлæ сæ
сыскъуыдтæ кæн, уæд дзы сæрибар цæуæн ис.
— Мæ мадыстæн, Сагсур, кæд ам кæддæр фæндаг нæ уыди...
Ацы бæрзы къудзитæ æрæджы æрзайгæ сты. Дæ разы ма уыцы
ставд талайыл схæц.
Сагсур бæрзы тала хиталæгау сыскъуыдта æмæ фæдисы:
— Уидаджы мур ыл нæй, хоры хæтæлæй æнцондæр тонæн, —
ноджы ма дзы цалдæры стыдта. — Ардæм мæн хуымонæй æрви-
тын хъæуы. Бон дыууиссæдз мæкъуылы самаин!..
— Развæлгъау куы нæ æппæлис, — худы Сырдон, æхсызгон ын
у, кæд суанг айнæджы сæрмæ афтæ æрдызт у хъæд, уæд фæндаг
æнцон аразæн æмæ рæхджы фервæздзысты ахæсты бадынæй. —
Сыскъуын ма дзы ноджы, иууыл афтæ уæлæнгай сты сæ уидæгтæ?
Сагсур фæлæбурдта къудзитæм æмæ дзы уайтагъд æрдузы уадз-
493
дзагæй дыууæ къахдзæфы асыгъдæг кодта. Ныр та Сырдон бацыд
дисы: къудзиты бын кæд разынд къæйæмбæрзт астæрд!..
— Сагсур, фæндаг! Æцæг фæндаг! Къæйæмбæрзт!
Сагсур нæ зыдта, къæйвæндаг циу, Сырдон ын æй куы баца-
мыдта, уæд цинмæ фæци:
— Цом, кæронмæ йыл азилæм. Суанг айнæджы сæрмæ кæд
афтæ у, уæд æй иу-фондз бонмæ иунæгæй дæр асыгъдæг кæндзы-
нæн...
— Цæуæм, Сагсур! Фæрныджы цыма фыр æргæвдын бахъæу-
дзæн. Цом!
Айнæджы цъупмæ ’ввахс фæндаг хъæдæй рахицæн æмæ цъуп-
пы ’рдæм фæзылд. Сырдон æмæ Сагсур хъæдæй рахизæны аууоны
æрбадтысты. Тагъд цыдысты æмæ афæлладысты.
— Фæндаг дзæбæх куы асыгъдæг кæнæм, уæд уæрдæттæн ар-
дæм у сæумæцъæхæй аходæнмæйы цыд, цин кæны Сагсур.
— Сихормæйы цыд куы уа, уæддæр ын ницы у, — сразы Сыр-
дон. — Фæлæ... Фæндаг бæлвырд айнæджы сæрмæ цæуы... Уым
хид æнæмæнг уыдаид, хъæдын хид, фæлæ ныккалдаид æмæ ма
йын саразæн ис?..
— Цом, фенæм, развæлгъау нæхи цы тæрсын кæнæм, — фестад
Сагсур.
Бацыдысты донкарсты былмæ хæстæг æмæ мæнæ... дурын хид!
Фидар арæзт уæрæх хид! Æцæг йæ чъилтæ азгъæлдысты æмæ
хъавгæ цæуын хъæудзæн, æндæра сæр зилдзæн æмæ уырдыгæй
атахтæ, уæд дæ балгъитæг афтæ!..
— Лæппу, фервæзтыстæм! — фæхъæр кодта Сырдон æмæ ныт-
тыхст Сагсурыл.
— Æцæг ирвæзæн хос, æцæг! — йæ цин уромы Сагсур. — Ныр
дунейы балбирæгътæй дæр нал тæрсын!.. Ме ’ннæ цæст мын куы
скъахой, уæддæр сæ дæндагæй бахсындзынæн!.. — зæххыл афæл-
дæхт æмæ йæ чъылдымы норттыл, фæллад бæхау, ратул-батул
кæны Сагсур.
Фæракæс-бакæс кодтой Сырдон æмæ Сагсур айнæджы сæрæй.
Армытъæпæныл æвæрдау сæм зынди, дон кæцæй цыди, уыцы ком.
Тархъæдæй æхгæд, иу æрдуз дзы никуыцæй зыны. «Цæрæг дзы
нæй æмæ нæм чи хъуамæ лæбура?» — нымайы Сырдон, цины уацау.
— Сагсур! Фыр не ’рдыгæй ис, фæлæ ма цом æмæ нæ фæнда-
джы кæронæй иу чысыл уафсхор асыгъдæг кæнæм. Фенæм, кæд-
дæра дзы изæрмæ цас саразиккам. Цас ыл бахъæудзыстæм, уый
бæлвырд цæмæй зонæм. Райсом æй хъуамæ райдайæм аразын...
Иу-дыууæ бонмæ нын куы фæуид, уæд уал нæ уæрдæтты фæфале
кæниккам æмæ нæ зæрдæ æрфидар уаид...
494
— Цом, æцæгдæр, цæмæ ма йæм кæсæм, уæддæр нæхи арази-
наг уыдзæн.
Сырдон æмæ Сагсур сæ фæд-фæд æрцыдысты тæссæртты,
фæндаджы райдиан бæрæгæй кæм зынд, уырдæм æмæ бæрзы та-
латæй фæндаг æхсæдын райдыдтой. Хур ма бæрзонд уыд, афтæ
дзы иу гакъон æрдæгмæ асыгъдæг кодтой.
— Зæххардыстæн, кæд æй дыууæ бонмæ нæ асыгъдæг кæн-
дзыстæм!
— Дыууæ цæмæн, иу бонмæ! — бараст кодта Сырдоны Сагсур. —
Ды мын Ардагъу æмæ устыты рарвит мемæ æмæ йæ иу бонмæ
фæуыдзынæн, — тынг зæрдиагæй алыг кодта йæ фæнд Сагсур. —
Æз æмæ сæ Ардагъу скъуынгæ кæндзыстæм, устытæ та ссивгæ
дæлвæндагмæ. Æндæр дзы ницы ис. /Ецæг, æрбацæуæн зындæр
аразæн уызæн...
— Уый дæр дзæбæх куы ’рбæрджытæ кæниккам, — йæ зæрдæ
’хсайы Сырдонæн. — Иугæр фæндаг сарæзтой, уæд æм уыдаид
бацæуæн дæр, сæ уæрдæттæ хъæды се ’ккой нæ хастаиккой!.. Ам
цыдæр сусæг ис...
— Цом, азилæм хъæды, — сразы Сагсур. Уымæ дæр диссаг
фæкаст: хъæд басæтт, фæндаг сараз æмæ йæм бацæуæн ма уæд!..
Иу ран фæндаг къæйастæрд скæн, иннæ ран та иу бæлас ма ракал,
сыджыт уыгард дæр ма фæкæн?..
Фæзылдысты фæндагмæ бацæуæн хъæды æмæ Сырдоны уынаг
цæст рахатыд: хъæды иу ран зылын-мылын бацæуæн ис фæндаг-
мæ, фæлæ арæзт нæу, къутæртæ дæр ыл сзад. Æцæг, уыдон куы
сæппарай, уæд ыл уæрдæттæ сындæггай ахиздзысты. Сагсуримæ
йыл цалдæр хатты ауадысты æмæ сæ бауырныдта: ам уæрдонвæн-
даг уыд, фæлæ арæзт нæ фæци. Цæмæн æй ныууагътой æрдæга-
рæзтæй, чи сæ нæ бауагъта, цы сыл æрцыд, уый ма чи базон-
дзæн?.. Цы фæнды фод, бæрæг у иу хабар: ам фæндаг уыд, йæ
ныв бæлвырд зыны, асыгъдæг æй хъæуы, чысыл ауæрæх кæнын
æмæ йыл уæрдæттæ сæрибарæй ахиздзысты!.. Ныр дыууæ ’мга-
рæн сæ цин сæ сæрæй фæуæлдæр — уый ирвæзæн хос у! Цалдæр
бонмæ донæн фаллаг фарс уыдзысты!.. Ныр та Сырдон фæлæг
кодта йæхи Сагсуры раз:
— Ды, уæйыг, гакъæтты талатæ ратонынмæ хъавыс Ардагъуи-
мæ иу бон, æз та дын зæгъын: хъæды фæндагмæ æрбацæуæн æз
цалдæр лæппуимæ сараздзынæн иу бонмæ, иууыл фылдæр — дыууæ
бонмæ...
— Дыккаг бон дын цыма мах дæр аххуыс кæндзыстæм, — худы
Сагсур.
— Фод афтæ дæр, фæлæ ныр цом æмæ Фæрныджы фыр рар-
495
гæвдæм, науæд донæн фале уый фыр нал ратдзæн: йед у, цæй
фыр мæм ис, цæ!..
Рухс ма уыд, афтæ Сырдон æмæ Сагсур Сугъары халагъудмæ
бахабццæ сты. Алафарн æмæ Армимаз дæр уым фесты æмæ сгар-
джытæ бæстон радзырдтой айнæджы сæрмæ сæ балцы хабæрттæ.
Фæцин кодтой иумæ, стæй Фæрныгмæ арвыстой иу лæппуйы. Куы
’рбацыд, уæд ын Сырдон загъта: дæ фос æмæ дын дæ уæрдæттæ
иу къуримæ донæн куы фæфале кæнон, уæд мын цы ратдзынæ?..
Фæрныг дæр хин кæм нæ уыд æмæ йæм фæцырди:
— Мæ сæрастæу фæндаг!..
— Гъе, Фæрныг, ды та мæнæй хиндæр. Фæндаг айнæджы сæ-
растæу хъæуы аразын, дæ сæрастæу цæй уæрдон атулдзæн?..
— Сырдон, æмæ дын æз дæр уæрдонвæндаг куы нæ загътон?
Мæ сæрастæу дын къахвæндаг æмæ йыл дыууæрдæм бæхдугътæ
уадз!
— Хорз, фод афтæ, фæлæ нын знон иу хуынд загътай æмæ уый
та куыд у?
— Уый та, мæ хур, куыд вæййы, афтæ. Ома Сырдонмæ куыд
вæййы, афтæ нæ, фæлæ Бурæфæрныджы æгъдауыл: фыр æргæвст
æмæ аджы фыцы, фысым та уазджытæм æнхъæлмæ кæсы! — уæла-
хиз лæджы худт кæны Фæрныг.
Æвидигæ уæд Фæрныджы ’гъдау! Дæлдзæх — Сырдоны фæтк! —
зæрдиагæй худы æмæ сиды Сырдон, æхцон ын у, Фæрныг дзырд-
мæ дзырд кæй ары, уый.
Фынгыл та хистæртæ æрмæст кувыныл нæ уыдысты. Сфæнд
кодтой: райсом сæумæцъæхæй Сагсур, Фæрныг, Ардагъу æмæ
устытæ, сабитæй дæр фæкæсынхъом чи у, уыдон цæуынц гакъæт-
тæм æмæ йæ хъуамæ ссыгъдæг кæной. Сырдон, Армимаз, Ала-
фарн æмæ лæппутæй хъаггæнæг чи нæу, уыдон та — хъæды дзых-
мæ ацæуæнт, гакъæттæм бацæуæн саразæнт. Иу бонмæ фæуа сæ
куыст, уый сæ нæ уырныдта, фæлæ ууыл развæлгъау нæ быцæу
кодтой: йæхиуыл ничи ауæрддзæн, сæ бон куыд бауа, афтæ уы-
дзæн. Армимазмæ цы ис, фæрæттæ, къахæнтæ — æррæвдз сæ кæ-
нæд: фæндаг цыппæрдзалхыг уæрдæттæн уынгæг у, фæуæрæх æй
хъæудзæн. Сугъар та — хъаггæнæг, мигъвæлмы алыварс цы цæуы,
уыдон хъуамæ зона йæ армыдзыхъмæ кæсæгау...
Дыккаг бон, æцæг, устытæ ныххæррæтт кодтой цъиуæй, бæду-
лæй. Фыццаг хатт сын фæци фадат боны рухсмæ сæ уæнгтæ айва-
зынæн. Сæ хистæр Алæгон Аминæт загъта: алчи дæр йæ сихоры
цъæбæр йемæ райсæд æмæ цæугæ, изæрмæ æрыздæхæн нæй. Ар-
дагъу та ставд талаты дæр кæрдæджы цъуппытау скъуыдтæ кодта,
цинау æм каст йæ тых равдисын. Цыдæр зарæг цыди йæ хъæлæ-
496
сæй, галы богъау, æмæ зыввыттытæ кодта æнæхъæн бæлæстæ æд
уидæгтæ дæлвæндагмæ. Сагсур дæр ма йыл дисæй мард — æцæг
уæйыг!..
Сырдонитæ дæр, сæ бон цы нæ уыд, уый дæр кодтой: стыр
бæлæстæ калдтой, сæ бындзæфхæдтæ сын галты æххуысæй æф-
тыдтой æмæ сæ фæсвæд æппæрстой, бындзæфхæдты къуырфыты
сыджыт надтой. Изæрмилтæ хъæдыл сæхи куы ’руагътой, уæд ма
Сырдон иу цыд акодта фæндагыл мигъвæлмы ’рдæм, стæй фæстæ-
мæ, фæлæ йыл зæрдæхсайгæ ницыуал ссардта æмæ уæд Армимаз-
мæ бараст:
— Куырдалæгон, нæ куыст цыма фæци, ды та цы зæгъыс?..
— Цы зæгъон, зиуы ’лдар? Фæци!.. Кæд Сагсуритæ дæр исты
бакодтой, уæд нæ фæндаг — рæвдз, нæ цæлхытæ — ифтонг!.. —
циндзастæй кæсы Армимаз фæндаджы зылын-мылын уадздзагмæ.
Сагсуритæ тæккæ уæд бадтысты хъæды дзыхæй айнæгмæ схи-
зæны æмæ улæфыдысты: фæци сæ куыст! Къæйвæндаг — сыгъдæг
æмæ уæрæх, дыууæ уæрдоны йыл фæрсæй-фæрстæм сæрибарæй
ацæудзысты!..
— Нæртон сылыстæг! — фестад Аминт. — Ам куыст нал ис,
фæлæ хæдзæрттæм цæугæ, нæ сабитæн æхсæвæр базмæнтæм, на-
уæд хусгуыбынæй фыдфынты хай фæуыдзыстæм ахсæв!..
Рараст сты цинзæрдæ æмæ уæнгвæлладæй. Исчи ма-иу пыхс,
къалиу куы федта фæндаджы лæгъзыл, уæд-иу æй дæлвæндагмæ
фехста: мах бæстон куыст кæнæм, искæйтау амцæф-уымцæф нæ
уарзæм.
Аминæты зæрдæ уæлдай рухс уыд: йæ сылгоймæгтæ та куыс-
ты басгуыхтысты, нæлгоймæгтæй ницæмæй дæлдæр сты! Йæ зæр-
дæ зарæг æрцагуырдта æмæ йæ хъæлæсæй сирвæзт:
Ой, лæгсей чи у магуса,
Уымæн йæ рахиз цонг бахус уа!
О-о-о! Ой, уæрæйдæ!
Уый гакъæтты кæрон, Сырдонитæ кæм куыстой, уымæ ’ввахс
систой зарæг сылгоймæгтæ, цæмæй лæгтæм хъуыстаид.
— Амбылдтой нæ, лæппутæ! — йæ мидбылты. худгæ бадзырдта
йе ’мбал лæппутæм Сырдон æмæ уыдонæй дæр иу мæстæй марæ-
гау самыдта:
Бæгæны рахæссут æргъи къуссей!
Уастырджи, бахиз нæ æлгъин усæй!
Лæгорн йæ гуыбын куы бахус уа,
Гъе уæд ма уый дæр цы бакуса?..
О-о-о-о, ой уæрсейдсе!..
32 Сырлопы цæссыгтæ
497
Мигъвæлммæ хъуысы зарæджы хъæлæс æмæ сабитæ цин кæ-
нынц: æрцæуынц сæ гыццитæ!.. Иунæг нал уыдзысты, науæд та-
лынг райдыдта æмæ тæрсынц...
Уыцы ’хсæв адæм циныл фесты æмæ суанг кæркуасæнтæм йæ
цæст ничи æрцъынд кодта.
Фосы хидыл аргъæвынмæ Сырдон цæуинаг нæ уыд, фæлæ йæ
зæрдæ нæ фæлæууыд: цы нæ вæййы, мæхæдæг уым куы уон, уæд
хуыздæр уыдзæн. Фос хъæдæй схизын кодтой фæсаходæнмæ. Уым
сæ хъæды сæрмæ лæзгъæрты хизынмæ аздæхтой. Сырдон йæхæ-
дæг хидыл цалдæр хызты акодта, ауадысты йыл Сагсур æмæ
Фæрныг дæр: фидар у, уæрæх, фæлæ йын чъилтæ нæй æмæ фос
тæрсдзысты, уæлдайдæр фыстæ. Сырдон афæнд кодта: хидæн
чъилтæ саразын хъæуы, фæлæ цæмæй?.. Фæстæмæ цу, фæрæттæ
хæсс, уый рæстæг нæй. Хиды дыууæ кæрон дæр дуртæ бирæ уыд
калд æмæ Сырдон алыг кодта: дыгай хъилтæ фæфидар кæндзæн
хиды кæрæтты дурты ’хсæн æмæ стæй уæрдæхтæ ауадздзæн се
’хсæн бæндæнау. Хиды чъилтæ уыдзысты уыцы бæндæнтæ. Стæй
сыл къалиутæ æрцауындздзæн æмæ фыстæм хидæй ахауæн был
нал зындзæн. Стуртæ дæр уæд æдæрсгæ цæудзысты. Лæппутимæ
бауад Сырдон гакъæтты сæрмæ, бæрзы талатæ рауыгътой дæл-
вæндаг, знон сæ устытæ уырдæм калдтой, æмæ сын сæ лыстæ-
джытæй уæрдæхтæ аздыхтой. Сырдон сæ кæрæдзийыл цæгбаст
акодта æмæ дыууæ даргъ бæндæны сцæттæ сты. Цыппар ставд
хъилы дурты ’хсæн æрфидар кодтой æмæ бæндæнтæ айтыгътой,
бæрзы къалиутæ сыл ацауыгътой æмæ — хидыл чъилтæ, фысæй
бæрзонддæр. Фыййау лæппутæ сæхæдæг дæр æдасдæрæй райдыд-
той цæуын хидыл. Изæрмилтæм фос хидæн фæфале сты. Сырдон
ма, дарæн кæм равзæрстой, уырдæм дæр ныццыд, ахсæв ам чи
баззайдзæн, уыдон рахицæн кодта. Сагсуры дæр сын семæ ныу-
уагъта, лæппу фыййæуттæ æнахуыр ран тæрсдзысты æмæ Сагсур
сæ цуры куы уа, уæд сæм зæрдæ не ’хсайдзæн.
— Куы бон кæна, уæд-иу рацу дæ бинонтæм, сом дæ уæрдоны
цур дæхæдæг хъуамæ уай. Иннæтæм дæр фæкæсын хъæудзæн, —
афæдзæхста Сагсурæн Сырдон, стæй Фæрныгимæ раздæхт Мигъ-
вæлммæ. Ныр афтæ хуыдтой сæ лæууæн бынат фæндаггон адæм.
Мигъвæлм — уый ныр сæ цæрæн бæстæйы ном уыд, сæ хъæууат.
Уыцы ’хсæв Сугъар йæхæдæг уыд сгарæг: талынджы бæхтыл
абадтысты цалдæр лæппуимæ æмæ сæ фæд-фæд дзæвгар рауадыс-
ты дон-дон, кæд исчи фæзынд, уæм сæм се ’хсæвиуаты æртытæ
зындзысты дардæй. Æрдæгæхсæвмæ фæцыдысты быдыры фæн-
дагыл, фæлæ ницы зындис. Сугъар фæстæмæ здæхынмæ æрхъа-
выд, боны цъæхтæм Мигъвæлммæ куыд бахæццæ уой, сæхи сын
498
куыд ничи фена, фæлæ йын иу лæппу йæ хъусы бадзырдта, ехсы
хъæдазй быдырмæ ацамонгæйæ:
— Далæ ма уыцырдæм акæс, цыма арты рухс у, афтæ мæм
кæсы...
Акаст Сугъар, акастысты иннæ лæппутæ дæр æмæ сразы сты:
арты рухс у! Уæд Сугьар сфæнд кодта, чысыл ма сæм æввахсдæр
бауайæм, бæлвырд æй базонæм, науæд мæнгвæдис худинаг у.
Ныууадысты ма иудзæвгар æмæ сæм разынди цалдæр арты. Бæлц-
цæттæ сты, ууыл Сугъар дызæрдыг нæ кодта, фæлæ нымадта: уаца-
ры дзырдмæ гæсгæ сæ бæлццæтты æртыккаг бал бирæ адæм сты,
ам та æртæ арты фарсмæ кæд уа иу-дæс æмæ ссæдз лæджы...
Агурæг кæй арвыста сæ хистæр, уыдон уый бæрц нæ уыдаиккой.
Кæд никæуыл фембæлдысты, уæд куыд сбирæ сты?... Кæд ссард-
той се ’мбæлтты, уæд та куыд цъус сты... Цы хабар уа?..
Тæргæ бæхæй раздæхтысты фæстæмæ æмæ сæумæ раджы
Мигъвæлмы кæронмæ бахæццæ сты. Сугъар бæхæй дæр не ’рхызт,
афтæмæй балæууыд Сырдоны къæсæрыл. Фатакуй йыл ахуыр уыд
æмæ не срæйдта. Сырдон фынæй нал уыд æмæ йæ уайтагъд суыд-
та. Базыдта йæ, цыдæр тæссаг хабар æм ис, æндæра афтæ раджы
не ’рбацыдаид. Фестад Сырдон, йæ уæлæфтау æрбакодта, йæ дза-
бырты йæ къæхтæ атъыста æмæ йæм рахызт уæрдонæй.
— Бонцъæхты хорзæх дæ уа, нæ балхон!
— Арфæгонд у, Сырдон! Хатыр бакæн, æгæр раджы дæм кæй
бадзырдтон, фæлæ хабар ис æмæ йæ раздæр куы зонай, уæд хуыз-
дæр уыдзæн, — йæ бæхы рохыл рахæцыд Сугъар, ома иуварс ацæ-
уæм, нæ ныхас куыд ничи хъуса. Рацыдысты Мигъвæлмы кæрон-
мæ. Бирæ цæуын сæ нæ хъуыд, Сырдоны уæрдон чырæты раззаг
уыд. Сугъар ныллæг хъæлæсæй йæ уац ранымадта:
— Федтам æртытæ, сæ фарсмæ хæстон адæм. Бирæ не сты,
æмæ диссаг у: фæдисы æрвыст лæгтæ уой æмæ уымæн æгæр бирæ
сты. Кæд се ’мбæлттимæ сиу сты, уæд та æгæр цъус сты...
— Агурæг кæй арвыстой, уыдон не сты, — хъуыды кæны Сыр-
дон. — Чи зоны се ’мбæлттæм æнхъæлмæ кæсынц?... Уæд ахсæв
дæр уым уыдзысты... Кæд бонæй ацырдæм фæцæуæг уой, уæд
æндæр цыдæр мæрддаг сты æмæ сæм уæ хъус дарут. Нырма хис-
тæртæн мацы зæгъ. Абон хъуамæ уæрдæтты ахизын кæнæм фал-
лаг фарсмæ. Уыцырдыгæй куы фæуой адæм, — уæд фæныфсджын
уыдзысты æмæ нын дзæгъæлдзутимæ æнцондæр уыдзæн хæцын.
Гъе æмæ хуыздæр уыдзæн, абон куы нæ зоной хабар. Зæгъ де
’мбæлттæн дæр ма йæ ныццитт-цитт кæнæнт... Хъаггæнджытæй
дын иу фæлтæр фаг у, иннæты ракæн, адæмы ахизын кæнæм,
стæй тæрхон кæндзыстæм...
499
Сæумæцъæхæй Сырдон йæ галты сифтыгъта æмæ Фатакуймæ
бадзырдта:
— Урсдзых, цæуæм, мæ хур, цæуæм, стæй иннæтæ дæр нæ фæдыл
тулдзысты... Уæ, Уастырджи, дæ базыры бын нæ бакæн!.. — скуывта
йæ миднымæр æмæ араст айнæджы сæрмæ. Йæ фæдыл радыгай тыл-
дысты иннæ уæрдæттæ дæр. Хъæды, сыджыт фæндагыл уæрдæтты
цæлхытæ ныхстысты æмæ галтæн цæуын фæзын. Биргеты уæрдæт-
тæй æрхизын бахъуыд. Æрмæст чысыл сабиты ныууагьтой, иннæтæ
къахæй лыгьдысты уæрдæтты разæй. Хидмæ куы схæццæ Сырдон,
уæд баурæдта — иæннæтæ дæр мæ æрбаййафой. Куы йæм æрбаввахс
сты, уæд Сырдон хидыл сындæггай ахызт æмæ йæ уæрдон фаллаг
фарс баурæдта æмæ йæ фæстæ цы уæрдон цыд, уымæ раздæхт. Уый
дæр куы ахизын кодта хидыл, уæд Сагсурæн ныффæдзæхста:
— Дæ уæрдон Фæрныджы æвджид уадз æмæ ам лæуу, уæр-
дæтты дæхæдæг хизын кæн. Æз бынæй фосы дарæны æруромдзы-
нæн мæ уæрдон æмæ дæм йæ уæлвæд зындзынæн. Дæ хорзæхæй,
хиды хъус фæтк æрæвæр, мацы ’рцæуæд... — загъта æмæ атагьд
кодта айнæджы рæбынмæ.
Иу фæз ран, быдырмæ дзæбæх ахизæн кæцæй уыд, уым æру-
рæдта йæ уæрдон. Галты суагъта æмæ сæ Фатакуйы бар бакодта.
Иу дзул ын радта — йæ абоны хай, стæй фæстæмæ раздæхт. Суанг
хуры ныгуылдмæ фæци уым Сырдон. Ахизын кодтой Сагсуримæ
се ’ппæты дæр. Фæстейæ Армимазы уæрдон уыд æмæ уымæ цы
кæсын хъуыд. Сырдонитæ дæр йемæ рараст сты Мигъвæлмы ног
бынатмæ, фенæм ма, зæгъгæ, нæ ног хъæуы куыд æрбынат кодтой
адæм. Чырæтæ Мигъвæлмы æдзухдæр цыппæргай рæнхъытæй
урæдтой сæ уæрдæттæ — æхсæв кæрæдзимæ æнгомдæр! — фæнда-
гыл цæугæйæ та алчидæр йæ рад зыдта æмæ-иу ныххал сты кæ-
рæдзи фæдыл. Ныр дæр цыппар дыдагъы баци уæрдæтты хал æмæ
хъæугъуызæй лæууыд. Ныр хистæрты цæуын хъуыди лæппутæм
æмæ сæ Сырдон рамбырд кодта. Сугъар, æцæг, айнæджы былæй
бынмæ не ’рцыд, аздæхт йе сгарджытæм, йæ уæрдон æфсины
’вджид бакодта. Армимаз æмæ Алафарн, Сагсур, Фæрныг цæттæ
уыдысты цæуынмæ, фæлæ Сырдон афтæ бакодта:
— Фæрныг, ды ам лæуу. Мах ахсæв ардæм нал равдæлдзæн,
æмæ ам хистæртæй хъуамæ исчи уа. Ардагъу куырм лæг у æмæ
исты, уæд цы бакæндзæн?.. Тас дзы ницы у, фæлæ цы нæ вæййы...
Фыццаг æхсæв æнахуыр ран... Сылгоймæгтæ æмæ сабитæ иунæ-
гæй... Тасы цæст ыстыр у... Нæ дугъон фыййауы дын ныууадз-
дзынæн демæ æмæ исты, уæд — уайгæ Сугъары халагъудмæ!..
— Мæнмæ дæр афтæ хуыздæр кæсы, — сразы Армимаз. — Мæнæ
ма Алафарн дæр куы лæууид, уæд ноджы хуыздæр.
500
— Нæ, Фæрныг иунæгæй дæр сарæхсдзæн, — алхæдта Фæр-
ныджы зæрдæ Сырдон æмæ иннæтæ дæр йæ фарс фесты. Фæр-
ныг сылгоймæгтæ æмæ сабитæн хистæрæй баззад, иннæтæ ацыдыс-
ты хæстон фæсивæдмæ. Уыдонæй айнæджы сæрæй бынмæ ничи
’рхызт, Сугъаримæ фæстæмæ аздæхтысты. Адæм æй хатыдысты,
уый хуымæтæджы нæу, фæлæ фæрсын нæ уæндыдысты — тæрсы-
ны нысанмæ сын куы айсой сæ фарст. Хистæртæ дæр ницы зыд-
той, Сырдон æмæ Сугъарæй дарддæр, фæлæ сæ уырныдта, Сыр-
дон сæм дзæгьæлы нæ сиды сæ раздæры Мигъвæлммæ. Æмæ уыцы
ну цыд ракодтой комкоммæ Сугъары халагъудмæ. Цыдысты сæхи
армæй арæзт фæндагыл, фæлæ ныр Сырдон йæ миднынæр бæл-
лыд: тæхуды, мах фæстæ фæндаг æваст тар хъæд куы фестид,
лæгæн дзы фистæгæй дæр зын ацæуæн куыд уа!.. Чи зоны, уæд
ацы дзæгьæлдзутæй фервæзиккам... Кæцæй?.. Уый дзæгъæлы фæн-
диаг у... Мæ фыд раст загъта: цæгъдын сæ хъæуы, быныскъуыд! —
науæд сæ фервæзæн нæй!..
Халагъуды бирæ радзур-бадзур уыд. Иуты фæндыд: ныууа-
дзæм ацы бынат, дзæгъæлдзутæ куы ’рбацæуой, уæддæр дзы куы
ницы ссарой, уæд аздæхдзысты фæстæмæ... Иннæтæ нæ разы код-
той: кæд нæ зонгæ дзæгъæлдзуты бал у, уæд нæ æвыдæй нæ ныу-
уадздзысты. Бæхтыл нæ дыууæ бонмæ баййафдзысты æмæ нын
зындæр уыдзæн семæ хæцын, фæлтау ам сæ разы бабадæм æмæ
сæ фервæзæм, иу ирвæзт!.. Сырдоны дæр афтæ фæндыд æмæ
лыстæггай ранывæзта йæ хъуыды:
— Афтæ мæм кæсы, æмæ, сыджыты кæй бавæрдтам, уыдон
æмбæлттæ сты. Стонг бирæгътæ, тугмондаг!.. Ардæм сын нæ фæд-
фæд цæугæ у, стæй уæд фæндаг фендзысты, се ’мбæлтты сын кæй
фæцагьтам, уый дæр базондзысты æмæ нæм лæбурдзысты... Кæ-
дæм сæ аирвæздзыстæм? Барæгæн галуæрдон цы баййафын
хъæуы!..
Фæранымай-банымай кодтой, фæлæ хуыздæр зонд не ссард-
той æмæ сразы сты: ам кæсдзысты æнхъæлмæ, сæ разы баддзысты
æмæ куы ’рбацæуой, уæд хæцгæ у семæ!.. Сырдон ма йæ фыды
фæдзæхсты фæдыл бавдыста ахæм фæнд: разы бадын æмæ æнхъæл-
мæ кæсын раст нæ уыдзæн! Мах сын хъуамæ ныббæттæм нæ фæн-
диаг!.. Цы нæ фæнды? Фæнды нæ, цæмæй тагъддæр æрæмбырд
уой Мигъвæлммæ æввахс! Афтæ у, бæрæг ран æртытæ скæнæм,
сæхиуæттæ нæ куыд æнхъæлой æмæ ардæм куыд тырной. Куы
феной æртытæ, уæд сомизæр ам уыдзысты... Цы ма нæ фæнды?
Сæ бæхтæй куы фæхицæн уаиккой, лæгдих æмæ бæхдих куы
фæуиккой. Куыд бакæнæм уый?.. Ам сæ бæхты хизынмæ куы
суадзой, уæд сæм бахъуызæм, бæхты сахсæнтæ слыг кæнæм æмæ
501
сæ ратæрæм нæхирдæм... Уыдон нæ фæдыл лæбурдзысты æмæ
сæм мах дæр æвиппайды фездæхæм æмæ стæй — нæ хъару æмæ
нæхæдæг!.. Бæргæ хорз уаид, нæ барджытæ куы фæцырд уаик-
кой æмæ уыдон нæ фæдыл фистæджытæй куы лæбурой, уæд сыл
фæстейæ уæлбæхæй куы ралæууиккой — уадз æмæ ацы хатт уыдон
дæр бавзарой, куыд зын у фистæгæн барæгимæ хæцын!..
Сугъар хъусы æмæ нымайы — ай æцæг хорз фæнд куы у! Афтæ
куы рауаид, уæд нæ лæппутæй, чи зоны, æппындæр ничи фæхъæ-
уид!.. Нæ, Сырдонимæ лæг уæйгуыты лæгæты дæр нæ фесæф-
дзæн!.. Афтæ бакæнын хъæуы æнæмæнг!..
— Кæд мын дзырды бар ис, уæд æз разы дæн Сырдоны фæн-
дыл... Уыдон амы хабæрттæн ницы зонынц, мах та зонæм быды-
рæн йæ дзыхъхъытæ, йæ къуыппытæ дæр: зонæм сын сæ лæмæгъ-
дзинæдтæ, уыдон та махæн мур дæр ницы зонынц, æвæццæгæн
нæ фыййæуттæ ’нхъæлынц... Гъе, æмæ сархайæм, Сырдоны загъ-
дау, мах кæм фæнды, уым куыд кæной æхсæвиуат, стæй уæд —
цæвгæ!.. Талынджы Мигъвæлммæ не ’рбауæнддзысты, быдыры
æхсæвиуат кæндзысты, бæхты та хизынмæ суадздзысты... Сыр-
дон сахсæнтæ лыг кæнынмæ хъавы, фæлæ уый нæ къухы зынæй
бафта... Фæлтау та ибоны хин: фистæджытæ бæхтæй сæ хицæут-
ты ’хсæн бацæуæнт, барджытæ та сæ иннæрдыгæй ныццæвæнт!..
Сырдон, ма тæрс, иу рæдыд мыл дыууæ хатты нæ цæуы — бахудт
Сугъар.
— Куы ницы тæрсын, Сугъар. Стæй дæ ныр афтæ дард дæр
нал ауадздзынæн мæ цурæй... Иу ног уадындз мæм ис æмæ йæ
хъæр рæхуыст галы богъ у. Уый куы фæбогъ кæна, уæд иу гæп-
пæн мæ фарсмæ фестдзынæ.
Бадзырдтой: ныр æрталынг æмæ лæппутæ æртытæ скæнæнт
ибоны хæцæны. Тыппыртыл, дардмæ куыд зыной... Сразы сты,
тыхгæнджыты иу æмцæф ныккæныныл дæр, бæхтæй бæлццæтты
’хсæн бацæуæнт фистæг лæппутæ, барджытæ та — иннæрдыгæй...
Сырдон æмæ Сугъар та сгарæг ацæуæнт талынджы.
Ницы сдзырдтой лæппутæ. Бонæй хъæзы куыристæ фæхастой
Мигъвæлммæ æмæ ныр уыдоныл уыд сæ хуыссæн. Хистæртæ дæр
халагъуды хъæзыл ныххуыссыдысты. Сырдон æмæ Сугъар аив-
гъуыдтой донбыл фæндагыл се знæгты хъæлæсмæ. Знон сæ кæ-
цæй суыдтой, уырдæм куы ныххæццæ сты, уæд сæм разынд бирæ
æртытæ, сæ алыварс дæр дзæвгар адæм. Хæрз æввахс сæм бацы-
дысты æмæ ма сын цы базонын хъуыд — бал æрæмбырд æнæхъæ-
нæй, сæумæцъæхæй сын цæугæ у Мигъвæлммæ... Сырдон Сугъа-
ры хъусы бадзырдта: «Ды ам бæхтыл фæхæц, макуыдæм феггуырс,
дардæй дæ куыд суынон, фæстæмæ цæугæйæ. Æз сæм хæстæг
502
бахъуызон...» Ницы сдзырдта Сугъар, кæд æй нæ фæндыд, уæд-
дæр. Сырдон иудзæвгар ауад, стæй зæххыл ныххуыссыд, цыма
фазæбыр кæны, йæхæдæг та мустæлæг фестад æмæ æрзылд æрты-
ты алыварс: нымадта лæгты, каст сын сæ гæрзтæм. Уæлдай сæм
ницы уыд: цирхъ, фатдон, æрдын, уарт сæ иумæ дæр нæй.
Бæхты æд сахсæнтæ хизынц, æцæг, æртæ лæджы... Уый Сыр-
доны зæрдæмæ нæ фæцыд: исчи дзы куы ныффæдис кæна... Рухс
цæмæй баци йæ зæрдæ, уый та — куыд æнхъæл сын уыд, афтæ
бирæ не сты, æд фыййуттæ авд æмæ æртиссæдзы... Мах фондз
хатты фылдæр стæм, фæлæ исты сарæхсæм: махмæ — хæстонтæ,
адон та — бирæгътæ!.. Фистæгæй къухы бафтæнт, æндæр сын хос
кæндзыстæм, Уастырджийы фæрцы!..
Сугьар æртытæм каст æмæ Сырдон йæ уæлхъус куыд фев-
зæрд, уымæн ницы базыдта. Куы йæм бадзырдта: «Лæппу, афон у
фæстæмæ цæуынæн...», уæд фесхъиудта æмæ йæм ныджджих и.
— Æрбахæццæ дæ?..
— Мæ мад-мæ фыдыстæн! — сабыргай бакодта Сырдон æмæ
идоны рохтæ айста, саргъмæ сгæпп кодта, куы радард сты, уæд
йæ бæхмæ февзыста: «Ныр тагъддæр нæхимæ!..»
* * *
Ныр сæумæцъæхæй лæппутæ зыдтой иууылдæр: сомизæр уы-
дзæн ног хæст!.. Алчи йæхи æууындзыдта, алчи дæр хъавыд рас-
гуыхынмæ. Фатæхсджытæ дардмæ чысыл мил æхстой, цирхъ-
джынтæ фæлварæн хæст кодтой. Цорæ æмæ Базырыл бафтыдыс-
ты æмæ сын уыдон дæр зæрдиагæй амыдтой сæ «хинтæ». .Бар-
джытæ уæрдæттæй сæрибар Мигъвæлмы дыууæрдæм кодтой æмæ
«хæцыдысты» кардæй, тæргæ бæхæй æхстой милмæ... Изæры
’рдæм сын фехъусын кодтой цæстдарджытæ: æрбацæуынц!..
Хистæртæ загътой: куы суадзой сæ бæхтæ, æхсæвиуат куы
райдайой, уæдмæ — не ’мгъуыд, уæд райдайдзæн æцæг хæст...
Æмæ лæппутæ æрсабыр сты... Хистæртæ дæр сæхи цæттæ кодтой:
ахсæв уыдонæн дæр хæстмæ цæугæ у, ничи сæ сразы Сырдоны
фæндыл, æгæрыстæмæй Фæрныг дæр — иу æхсæв мæ хæдзаргæс
ныууагътат æмæ мын фаг у, ныр та мæ рад у хæцын, мæ рагон
мæстытæ сæ хъуамæ сисон!.. Уый Фæрныг, йæ рæсугъд усы йын
кæй аскъæфтой, ууыл дзырдта — уый йын мæлæты бонмæ удистау
уыд æмæ йæ никуы рох кодта. Уый хæстæввонгæй рацыд сæ ног
цæрæнуатæй — цирхъ, уарт, фатдон, æрдын. Алафарнитæм ницы
уыд, фæлæ Армимаз афтæ бакодта:
— Ма тыхс, Ала, зæронд куырдалæгонмæ дæр фæндтæ вæййы:
503
абон Созыры арвыстон æмæ мын мæ фаттæ, ме ’рдын, мæ уарт
æмæ мæ цирхъ æрбахаста. Дæуæн та мæнæ ауыгъд — замманайы
цирхъ. Уарт, æрдын æмæ фатдон барджытæй райсдзыстæм, уыдон-
мæ уæлдай гæрзтæ бирæ ис!
Алафарн фестад æмæ æцæгдæр халагъуды къулыл ауыгьд цирхъ
йæ роныл æрбаста: ныр цæттæ уыд, æндæр æм куы ницы бафта,
уæддæр хæцын базондзæн, лæппуйæ гæрзтимæ арæхсти, цирхъæй
та уæлдай дæсны уыд.
Куы ’рталынг, уæд æмбырд кæнын райдыдтой: фистæг хæстон-
тæ Сырдон æмæ Сагсуры цур, барджытæ — Сугьары алыварс. Ала-
фарн, Армимаз æмæ Фæрныг дæр уыцы лæппуты ’хсæн лæууыдыс-
ты. Талынджы се ’ппæт кæрæдзи нæ зыдтой, фæлæ сын Сырдон сæ
цæнгтыл урс хæцъилтæ бабæттын кодта. Абырджыты хистæры урс
уæлæфтау Сырдон нарæг фаринтæ акодта æмæ дзы цыбыр скъуыд-
дзæгтæ лæвæрдта алкæмæн дæр. Сæ зæрдæмæ фæцыд: зондзысты
талынджы дæр — хион чи у! Сырдоны зæрдæйы ма уыди иу катай:
дзæгьæлдзу бæхгæстæ ам дæр æртæ куы уой, уæд сæ куыд амардæуа
æнæ сыбыртт?.. Дыууæйы фаг дзы йæхæдæгу, фæлæ æртыккагта?..
Æвиппайды йæ зæрдыл æрбалæууыд Кæфхор!.. Уый цъиуы цæст
дæр акъахдзæн!.. Уый бар æй бакæнон! Сагсур бæхты дæллаг кæ-
рон, быдырмæ ацæуæн кæрон æрæхгæндзæн, мæхæдæг — Мигьвæл-
мы ’рдæм бацæуæн. Сугьар ныр нал байрæджы кæндзæн. Уадындзы
хъæр куы фæцæуа, уæд бæхтыл æртытæм æнцон бауайæн у цæсты-
ныкъуылдмæ... Ацы хатт сæ барджыты амæттаг бакæнын хъæуы...
Сагсур æмæ мæ адæм та ацæуæнтæ куыд сæхгæной...
— Сырдон, дыууæ лæдзæджы дæм куы ис, уæд сæ цы ми кæ-
ныс? Ибонты дæм иу куы уыд? — иттæг зæрдиагæй фæрсы Базыр.
— Сæ иу — лæдзæг у, иннæ — богъгæнæн. Мыййаг та барджы-
тæ куы бафынæй уой ибонау, уæд ацы уасæнæй ныббогъ кæндзы-
нæн æмæ мæрдтæ дæр райхъал уыдзысты!.. Фæлæуу-ма, Кæфхор
та кæм и, Базыр, куынæ йæ уынын талынджы?..
— Дæ тæккæ фæстæ лæууын, Сырдон, Созыримæ. Абон мæ
фæцæйæмбылдта фатæй. Ныр æй æдзух мемæ кæндзынæн!..
— Гъе, æмæ хорз... Æввахс мæм лæуут, хъæудзыстут мæ. Ныр
та уал мын Сагсурмæ фæдзурут.
Сагсур æрбацыд æмæ йын Сырдон ногæй загъта:
— Лæппуты иу зондыл бафтау: куыддæр барджытæ балæбурой
абырджытæм, афтæ мах, фистæджытæ, хъуамæ дзæкъулы ком
сæхгæнæм, мыстау ма сæхи куыд рапиар-баппар кæной, фæлæ
сын алидзæн куыд нал уа!.. Иу дæр дзы аирвæзт, уæд нын сом
агуринаг фæуыдзæн. Нымад мын сты æмæ хъуамæ æмбырдæй æр-
цæуой ныгæд, къахырæй — нæ!..
504
— Уый дын мæ быгъдуан, — загьта Сагсур æмæ ацыд йе ’мбæлттæм.
Дзуринаг дзы ницыуал уыд. Барджытæ мигъвæлмы кæрон,
æрбацæуæн фæндагыл æнхъæлмæ кастысты Сырдоны дзырдмæ.
Сагсур æмæ йæхи фистæджытæ быдырмæ ацæуæны лæууыдысты,
уыдонæн æввахсдæр уыд сæ фæндаг, фæлæ цæуын иумæ хъуамæ
райдайой. Ныр афон у, — загъта йæ миднымæр Сырдон æмæ Хуа-
зармæ фæдзырдта:
— Тæхгæ, æмæ зæгъ Сугъарæн: афон у! Йæ уæлвæд ам куыд
фестай!.. Ибоны фæндагыл цæудзыстæм æмæ мæ ссар, мæ цуры
хъуамæ уай...
Хуазар куы фæтары, уæд Сырдон адзырдта йе ’мбæлттæм, стæй
Сагсуры æмбæлттæм дæр:
— Лæппутæ, ахсæв нæ ирвæзæн хæст у. Хъуамæ фервæзæм
ацы дзæгъæлдзу тыхгæнджытæй, науæд никуыдæм фæцæудзыс-
тæм, цæрын нæ нæ ныууадздзысты... Алчи уæ йæхи хизæд, стæй
йе ’мбалы дæр, фæлæ знагыл ма сауæрдут...
Сагсуры бал кæм хицæн кодта, уым ын Сырдон йæ хъусы ба-
дзырдта: «Бæхгæстæ — мæ амæттаг. Ды цу æмæ быдыры ’рдæм
фæндæгтæ æрбахгæн. Армимазы демæ æрвитын. Уый лæудзæн
рæхысы иу кæрон, ды — иннæ кæрон. Мæнæн дæр афтæ: иу кæ-
рон æз, иннæйы та — Алафарн æмæ Фæрныг. Æз æмæ ды фæхи-
цæн кæидзыстæм абырджыты сæ бæхтæй. Алафарн æмæ Армимаз
та, нæхи барджытæ куы ныббырсой, уæд бабæтдзысты рæхысы
кæрæттæ. Куыддæр ныууасон, афтæ фатæй хæцгæ! Кæд нæм сæхи
æппарой, уæд та — цирхъæй дæр, мах та лæдзджытæй. Кæд бар-
джытимæ сæмхæццæ уой, уæд сæм цæуын нæ хъæуы. Уæлбæхæй
уыцы зилахары лæг йæхионы дæр æркъуырдзæн. Фæлтау сын
сæхи бауадзæм. Æхстмæ нæм дзы чи æфта, уыдоны — маргæ! Цу,
ме ’фсымæр, фæлæ ибонау дæхи размæ ма ’ппар, ныр сæм Сугъа-
ры бауадзæм, уымæн уæлбæхæй æнцондæр у...»
Ахицæн сты æмæ талынджы ницыуал зыны, ницыуал хъуысы,
æрмæст ма хиталджытæ æмæ фадбарцы сыбар-сыбур... Бахæццæ
сты бæхтæй æртыты ’хсæн бацæуæнмæ æмæ Сырдон йæ фарсмæ
цæуæгæн йæ хъусы бадзырдта: «Æрбадут!» Йæхæдæг æрбадт æмæ
Базыр æмæ Кæфхорæн афтæ зæгъы: «Акæсут-ма, бæхгæсты уынут?
Цал сты? Æртæ нæ?.. Уыдон æнæхъыпп-сыпп маринаг сты. Арты
фарсмæ чи бады, уыдон куыд ницы базоной. Мæнæ æввахсдæр чи
у, уый — сымах. Бахъуызут, фæйнæ фаты йыл афтæ ныццæвут,
сыбыртт куыннæ сфæраза. Фæстæмæ дæр хъуызгæ, ардæм. Ам
сагъд уыдзæн мæ лæдзæг æмæ йæ уындзыстут. Æз дæр ардæм
æрбаздæхдзынæн... Хуазар, лæппутæн зæгъ, æнцад бадæнт ме
’рбацыдмæ. Ныр — хъуызгæ!..»
505
Сырдон иу-цасдæр йæ фазыл абырыд, стæй сæм куы нал зынд,
уæд та мыстулæг цалдæр гæппæн бæхгæсты уæлхъус балæууыд.
Уый бадт æмæ рæдзæ-мæдзæ кодта. Сырдон йæ уæлхъус сыстад
æмæ йын тымбылкъухæй йæ къæбут тых цæф фæкодта. Стæй йын
фæлæбурдта йе ’фцæгготмæ æмæ йын йæ хурхыл дыууæ къухæй
бахæцыд. Бæхгæс ма йæхи атылдта, стæй адаргъ кодта йæ къæх-
тæ æмæ ныссабыр... Сырдон та фæстæмæ мыстулæг фестад, цал-
дæр сæррæтты акодта æмæ иннæ бæхгæсы цур балæууыд... Уый
дæр мæрдтыл куы бафтыдта, уæд æм хъуызын зын фæкаст æмæ
гуыбыр-гуыбыр атындзыдта йæ лæдзæджы цурмæ. Иæ бацыдмæ
уым уыдысты æртæ лæппуйы дæр. Базыр нымæг хъæлæсæй афтæ
бакодта: «Мард у...»
Сырдоны сæры æвиппайды ферттывта, — сабитæ сты нырма,
æз та сын лæг амарын кодтон! — Фæлæ дзургæ ницы скодта. Сыс-
тад, акаст æртытæм: ницы хатынц, фæлæ бæхтæй се ’хсæнты ны-
ууайæм. Бырын ницыуал ахъаз у, исты куы бафиппайой, уæддæр
сын байрæджы. Мах уæдмæ Сагсуритимæ баиу уыдзыстæм. Æхст-
мæ цæттæ стæм. Куы фестой, уæд сæдæ къахдзæфмæ ацы лæппу-
тæй стæм исчи фæивгъуыйдзæн...» Ныууадысты кæрæдзи фæдыл.
Сырдон Сагсуры суыдта дардмæ: уыдон дæр хъуызгæ цыдысты
размæ. Чысыл ма баввахсдæр сты æртытæм: бæлццæттæн сæ фыл-
дæр ныр хуысгæ кодта. Чи бадт, уыдон дæр — æрдæг фынæй.
Уæдмæ Сагсур дæр æввахс бацыд Сырдонмæ: «Æхсын хъæуы,
Сырдон, милмæ сæхи сæвæрдтой æмæ афон у». Сырдон йæ дык-
каг лæдзæг райста Хуазарæй æмæ ныллæг хъæлæсæй адзырдта
йæ адæммæ: «Уæрагæй æхсгæ!» Йæхæдæг лæдзæг систа йæ дзых-
мæ æмæ ныррыхыд æнахуыр галы богъ!.. Фесхъиудтой канд фы-
нæй бæлццæттæ нæ, фæлæ йæхи ’мбæлттæ дæр. Сырдон ма но-
джыдæр дыууæ хатты ныррыхыд, стæй йæ уасæн радта Хуазармæ
æмæ йæ фатдонæй æртæ фаты фелвæста. Уæдмæ абырджытæ
иууылдæр сæ къахыл алæууыдысты æмæ Сырдонæн — цæттæ мил-
тæ! Раафтид кодта Сырдон йæ фатдон æмæ сыстад, йæ лæдзæгыл
ныххæцыд дыууæ къухæй. Бæлццæттæ нал зыдтой, цы акæной —
фатуарæн кодта алырдыгæй æмæ кæцырдæм саразой сæ ных?..
Фыццаг бæхты ’рдæм феггуырстой, фæлæ уырдыгæй фаты зæгъ
тынгдæр уарыд, хуыздæр фатæхсджытæ Сырдоны алыварс уыдыс-
ты, стæй уыцы æнахуыр богъ дæр уырдыгæй цыди!.. Иннæрдæм
фæзылдысты æмæ сæ хъустыл ауад барджыты хъæрахст — «Мар-
гæ! Маргæ!..» Уæд сæццæйæ сæ хистæры алыварс бамбырд сты,
сæ цирхъытæ фелвæстой, чидæртæ дзы фатæй æхсынмæ дæр фæ-
царæхст, фæлæ сыл тæккæ уыцы афон алырдыгæй амбырд сты
барджытæ æмæ сæ уæлбæхæй цъыччытæ-кæрдæнтæ райдыдтой...
506
Дыууæ чысыл къорды дзы уæддæр фæхицæн æмæ бæхты ’рдæм
сæхи раппæрстой. Цыппарæй Сырдоны ’рдæм фесты, æхсæзæй та
Сагсуры ныхмæ. Сырдон йæхи фехста сæ размæ — лæппутыл мацы
’рцæуа! — арвæрттывдау дыууæ уагъды æркодта йæ лæдзæг æмæ
ма дзы лидзынæн чи уыд, уыдон Сырдоны иувæрсты сæхи хъуа-
мæ фæтылив кодтаиккой. Сырдон сæм фæзылд æмæ йæ лæдзæг
æруагъта æртыккаг хатт. Тæккæ уыцы уысм йæ хъустыл ауад кæй-
дæр хъыллист — «Сырдон!..» Сырдон ауыдта: лæппутæй иу йæ
фарсыл хæцы, бæлццоны цирхъы фындз æм баххæст, фæлæ йæ
уæлвæд бæлццонæн йæхи барæхуыста Базыр æмæ йæ афæлдæхта.
— Базыр! Цæфы бабæттут! Æз ныртæккæ! — Фæзылд Сагсурмæ
æмæ ма йæ иу дзæхсты бон фæци, иннæты Сагсур йæхæдæг æр-
къуырдтытæ кодта æмæ зæххыл сæ гæндзæхтæ цагътой. «Чи у, —
февзæрд ныр Сырдоны хъуыдыйы, — Хуазары хъæлæсы хуызæн!..
Тæригъæд у!.. Фæзылд Сырдон, цæф хæстоны кæм бастой, уыр-
дæм æмæ фæхъæр кодта:
— Размæ къахдзæф дæр нæ! Лæуут уæ бынæтты! Кæд уæм
лæбурой, уæд цæвут!
Лæппутæй размæ ничиуал ацыд, æнхъæлмæ кастысты: кæд та
сæм исчи йæхи æппара, уæд цæвдзысты. Уыдтой æртыты гæзæмæ
рухсмæ: барджытæ къуыхтæ кæнынц, чи стымбыл хæцæны астæу,
уыцы дзæгъæлдзуты!.. Æввахс цæуæн сæм нæй, чи дæм фæца-
рæхсдзæн, уый бæрæг нæй... Уыцы зилдухæны хион-æддагон зы-
нæвзарæн у...
Сырдон бауад Базырмæ:
— Бабастай?
— О, бабастон...
— Цæмæй?
— Мæнæ йæхи уæлæфтауы кæронæй...
— Алæ-ма, фенон æй, — фæгуыбыр кодта Сырдон цæф хæстон-
мæ æмæ уыны — Аминæты цæсгом!.. — Ард дæ хæдзары куыд
бацыд! — йæ уæнгтæ æркалдысты Сырдонæн æмæ ницыуал сфæ-
рæзта дзурын. Æрæджиау асидт Базыр æмæ Созырмæ: Хæсгæ у
цæф Сугъары халагъудмæ! Рæхджы æз дæр уым сæмбæлдзынæн...
Ацыдысты Базыр, Созыр, Кæфхор æмæ Хуазар, ахастой цæф
хæстоны, Сырдон та Сагсурмæ бацыд:
— Сагсур! Хæст фæуд у, махмæ дзы ницыуал æрхаудзæн...
Уыныс, цалдæрæй ма лæууынц сæ къæхтыл, иннæтæ фæлдæхт...
Цалынмæ сæм мах хæццæ кæнæм, уæдмæ уыдон дæр мæрдвынæй
бауыдзысты... Уадз сæ Сугъары бар... Кæс-ма, цы ми сын акод-
той: дыууæ дихы сæ фæкодтой æмæ сæ æркарстой... Фæци ныр
уыдон хæст дæр... Ныр сæ æрæмбырд кæнут иу ранмæ мардæй,
507
æрдæг мардæй, удæгас ма дзы чи уа, уый уадз ме ’рбацыдмæ, чи
зоны нæ истæмæн бахъæуа. Зæгъ-иу мæ ныхас Сугъарæн. Æз цæ-
уын халагъудмæ... Мæ лæппутæй иу фæцæф æмæ йæ абæрæг
кæнон, йæ туг ма фæцæуа... Лæппутæ иууылдæр дæ бар фонт, æз
дæр тагъд зындзынæн...
— Уый — мæ быгъдуан, — загъта Сагсур, — хæст æцæг фæци,
нæ барджытæ сæ бæхтæй хизын райдыдтой... Ирвæзгæ хъуамæ
мачи акодтаид... Æниу уæддæр кæдæм фæцæудзæн, ныр тагъд
сбон уыдзæн æмæ бæхтыл æрзилдзыстæм нæ алфамблай... Фæлæ-
иу куы ’рбарухс уа, уæд фæзын... Æнæ дæу ницы бакæндзыстæм, —
басаст Сагсур, сæ уынаффæйы сæр Сырдон кæй у, ууыл æргом,
кæд æй Сырдоны цур уый дзурын нæ фæндыди, уæддæр.
Сырдон йæ лæдзæг галиу къухмæ айста æмæ фæлидзæг. Кæд-
дæр Арпаданы былмæ Фатакуимæ дæр афтæ тагьд никуы лыгьд.
Уайтагъд бахæццæ Сугъары халагъудмæ æмæ йын дуармæ Базыр
радзырдта: нæ хæстонтæй нæу, Алæгон у, Аминæт... Йæ фарс
цирхъæй цæф. Бæтгæ йæ бакодтам, фæлæ мах цы зонæм...
Сырдон бацыд халагъудмæ, цырагъы рухсмæ федта: хуыссы
хъæзын уатыл Аминæт... Йæ цæсгом фæлурс, йæ рахиз къухæй
хæцы йæ фарсыл, галиу къух уæгъд æппæрст хъæзы куырисыл...
Сырдон куы бацыд, уæд йæ цæстæй ракаст æмæ æнæбары худт
бакодта:
— Мæ хæст нæ фæрæстмæ, Сырдон, бахатыр мын кæ...
Сырдон исдугмæ ницы сдзырдта. Æрбадт фынджы фарсмæ æмæ
йæ сæр йæ армытъæпæнтæй бамбæрзта... Афтæ æнæдзургæ абадт
иуцасдæр, стæй фестад:
— Алæ-ма, дæ цæф дын фенон:
Аминæт ницы сдзырдта. Сырдон цæфы бастыл йæ арм æрхаста:
— Ма тæрс... туг нал цæуы... Ницы дын уыдзæн... Куы срухс
уа, уæд дын æй дзæбæх бабæтдзынæн... — уайдзæфы ныхас хъуа-
мæ загътаид Сырдон, фæлæ йæ цæст нæ бауарзта: цæф уый фæци
æмæ йын уайдзæф та æз кæнон?.. Уайдзæфы бæсты йæ афарста
йæ лæппуйæ, кæд йæ цæфы рисæй фæхицæн уаид йæ хъуыды:
— Сидахъы та кæмæн ныууагътай?
— Сидахъы Ардагъуйæн... Йæхæдæг мын загъта... Иунæгæй,
дам, мæ ныууагътой уацаримæ æмæ йæ куыд хъаггæнон? Цæстæй
нæ уынын æмæ йын цы кæнон, дæ лæппуйы мын куы бауромис
мæ цуры, уæд мын уый амонид, кæм и, цы аразы... Бакодтон æм
лæппуйы æмæ мæхæдæг ардæм рацыдтæн... Тарстæн, исты уыл
куы ’рцæуа...
Сырдоны хъуыды ацахста, ус «исты дыл» зæгъынмæ хъавыд
æмæ нæ бауæндыд... Йæ зæрдæ атыппыр тæригъæд æмæ мастæй:
508
ай та мæнæй æнамонддæр!.. Нæ равдыста йæ хъуыды, фæлæ тыхст
уавæрæй фервæзыны охыл хъуамæ ногæй Сидахъы кой ракодта-
ид... Ницы ма сдзырдта, афтæ йæ рагон тасæй йæ уæнгтæ адон
сты: куырм лæг æмæ саби... уацайраг... мыййаг, исты фыдбылыз!..
Цæуын хъæуы!.. Фестад æррайау, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд:
дыккаг рæхуыст уыдзæн мады зæрдæйæн йæ хъуыды... Исты ’фсон
хъæуы!..
— Цæй, фыццаг уал тæрсгæ ма кæн, фидар лæууын — рынчы-
нæн йæ фыццаг хос! Иннæ та уый, æмæ мын уым уæрдоны цыдæр
хосгæрдджытæ ис æмæ сæм ныртæккæ ауайдзынæн... Боны æрба-
рухсмæ ам уыдзынæн... Базыр! Уым иу бæхы дзæбæх никуы ис? —
рахызт æддæмæ Сырдон æмæ лыгъд радта, зыдта йæ — бæхтæ
иууылдæр лæппутæм сты, хæцæны...
Бон рухс кæнын райдыдта, афтæ ныххæццæ Сырдон ног Мигъ-
вæлмы хъæумæ. Комкоммæ бацыд Фæрныджы уæрдæттæм æмæ
устыты æмбырдæй куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ базыдта — цыдæр
фыдбылыз æрцыд... Дзурын ницыма сфæрæзта, афтæ йæм усты-
тæй иу фæраздæр:
— Фесæфтыстæм, Сырдон, Ардагъу нын уæззау цæф фæци... Чи
зоны... — йæ цæссыг нал баурæдта ус æмæ иннæтæ дæр скуыдтой...
— Кæм и? — æндæр ницы сфæрæзта дзурын Сырдон, фæлæ
йын Сидахъы кой кæй не скодтой, уымæй чысыл йæ зæрдæ фæ-
фидар: уый æвыд у, æндæра фыццаг уый кой ракодтаиккой...
— Уæртæ уæрдоны фарсмæ нымæтыл, уæрдонмæ сисын æй нæ
бон нæ баци...
Уæрдоны раззаг цæлхыты фарсмæ бинаг нымæтыл уæлгоммæ
хаудæй лæууыди Ардагъу, йæ сæры цур бадти Сидахъ æмæ æнæ-
сымæй куыдта... Сырдон æй фелвæста йæ хъæбысмæ:
— Цы кодтам, мæ лæппу?..
Сидахъ Сырдоны куы ауыдта, уæд йе ’фцæджы ныттыхсти
æмæ хъæрæй ныккуыдта:
— Ардагьуйы амардта!..
— Ма тæрс, мæ лæппу, схос ын кæндзыстæм... Нæ амæлдзæн!..
Фæлæуу-ма, фенон æй. — Сырдон Сидахъы æрæргъæвта йæ хъæ-
бысæй æмæ Ардагъуйы фарсмæ æрзоныгуыл кодта. Мард^нæу,
улæфы... Йæ галиу фарсы кард сагъдæй фистоны уонг... Йæхи
кард! — базыдта Сырдон карды фистон, саджы сыкъайæ Ардагъу-
йæн йæхи арæзт... Туг сындæггай цæуы... Кард æнцон фелвасæн
у, фæлæ уæд туг цыхцыр ныллæудзæн æмæ лæг фæци... Цы чын-
дæуа?.. Лæг пайда дзы нал и, фæлæ ма чъицгæ уæддæр куы ’ркæ-
нид... Цы уыд, куыд уыди... Æниу, чи зоны, уыдæттæ Сидахъ
дæр зоны...
509
— Къусы ма дон радавут, — куры Сырдон.
Сылгоймæгтæй чидæр радта къусыдзаг дон Сырдонмæ. Уый
дзы йæ арм стылдта æмæ йæ æруагъта Ардагъуйы цæсгомыл. Су-
мæл цæфæн йæ цæсгом, уæддæр ма йæ Сырдон рæвдауæгау лæгъ-
зытæ кæны æмæ æрæджийау лæг йæ цæстæй ракаст...
— Ронджы къус кæд искæмæ ис, — лæгъстæ кæны Сырдон æмæ
та йын уый дæр ссардтой. Сырдон Ардагъуйы фæскъæбут йæ къух
атъыста æмæ йын йæ сæрыл хæрдмæ схæцыд, ронджы æртæхтæ
йын йæ былтыл æркалдта. Цæф йæ былтæ астæрдта æмæ чысыл
фæцæрдгъуыз...
— Исты ма фенут, йæ сæры бын цы акæнон, ахæм...
Нымæты тыхтон æм æрбадавтой æмæ йæ Сырдон Ардагъуйы
нывæрзæн бакодта. Стæй йын йæ дзых байгом кодта æмæ дзы
чысыл ронджы цъыртт ауагъта. Цæф цыдæр хъæрзæгау улæфт
скодта, стæй йæ цæстытæй ракаст. Ноджы дæр ма йын ауагъта йæ
дзыхы ронджы хуыпп æмæ Ардагъу багуым-гуым кодта, стæй ным-
дзаст Сырдонмæ:
— Сырдон нæ дæ, мæ хур?..
— Сырдон дæн, уæйыг, ма тæрс!..
— Цæмæй ма тæрсон?.. Иу мæлæт у æмæ йæ ссардтон...
— Ма тæрс, мæ уæйыг æфсымæр, ма тæрс!.. Мах дæуæй куы
ныфс авæрæм...
— Мæ ком судзы, дæ ронгæй ма иу хуыпп, науæд мæ бон дзу-
рын нæу... Мæ ком асур вæййы... Сырдон ын ронджы къус са-
быргай бадардта иууылдæр. Ардагъу фæцырддæр, фæлæ йæ Сыр-
дон зыдта — лæг фæуд у... Æрмæст ма кæд исты зæгъинаг кæнæ
фæдзæхсинаг у...
— Сырдон, — йæ хъару йæ армыдзыхъхъы нылвæста Ардагъу, —
æз фæдæн... Цин кæнын, хæстон лæгæй кæй мæлын... Бирæ лæг-
гад дæ зонын æмæ бузныг... Мæ мæлæты заман дæр ды фæдæ мæ
цуры æмæ дæ курын: уæлæ цы хидыл рахызтыстæм, уый уæлхъус
мæ бавæрут... Искуы ма уæ исчи ардæм куы ’рæфта, уæд ын мæ
ингæн агуринаг куыд нæ уа... Хабæрттæ уын чысыл лæппу ра-
дзурдзæни, уый сæ хуыздæр зоны... Ныр цу æмæ мæм Алафарн
æмæ Армимазы рарвит, кæд ма сын бузныг зæгъин, ме ’фсымæр-
тæсты... Цу, Сырдон...
Сырдон йæ цæссыгтæ нал баурæдта... Сыстад, иуварс ацыд,
стæй зæронд устытæй иумæ адзырдта:
— Алафарниты рарвитдзынæн, фæлæ йæ куы нæ æрбаййафой,
уæд-иу ын йæ цæстытыл æрхæцут... Ирвæзæн ын нæй... Лæп-
пуйы æз акæнон мемæ, мыййаг, куы фæтæрса...
Ракодта Сырдон Сидахъы. Куы фæаууон хъæуæй, уæд æй йæ
510
хъæбысмæ систа æмæ атагъд кодта халагьудмæ. Йæ хъуыдыйы
уыд: мадæн йæ хъæбулы уындæй хуыздæр хос ницы уыдзæн...
Фæндагыл Сырдон бафæдзæхста Сидахъæн: гыццийæн Ардагъу-
йы кой ма скæн, науæд фæтæрсдзæн. Гыцци фæрынчын, йæ фарс
риссы æмæ йæ иумæ раласдзыстæм Мигъвæлммæ. Уым ын схос
кæндзыстæм... Ардагъуйæ дæ куы фæрса, уæд-иу зæгъ: фыййау
лæппу мæ раивта æмæ æз нæхимæ уыдтæн, мæнæ мæ Сырдон
ракодта уырдыгæй...
Аминæт, æцæгдæр, йæ лæппуйы уындæй бахъæлдзæг æмæ
ныфсытæ æвæрынмæ фæци лæппуйæн:
— Мæнæ фæкалдтæн æмæ мæ фарс ныццавтон, фæлæ мын æй
Сырдон адзæбæх кæндзæн, уый хосгæрдджытæ зоны, бафæрс ма
йын йæхи... Тæрсгæ ма кæн...
Сырдон сынт ацарæзта йæхæдæг, нымæт ыл байтауын кодта
æмæ ууыл рарвыста Аминæты Мигъвæлммæ. Сидахъы нæ рауагъ-
та — иумæ ацæудзыстæм. Уæдмæ фæзындысты Алафарн, Фæр-
ныг, Армимаз æмæ Сугъар дæр. Уымæн дæр йæ рахиз къахы
фæлмæн цирхъæй лыг разынд æмæ йæ Сырдон саргъæй æрхизын
дæр нæ бауагъта. Мæнæ Сидахъы дæр дæ хъæбысы ахæсс æмæ
ног Мигъвæлммæ цæугæ!.. Алæгон дæр цæф у æмæ уын иу ран
хос кæндзынæн, уæ уæрдæттæ дæр фæрсæй-фæрстæм сты. Ардæм
дæ зæрдæ ма ’хсайæд, хъуыддæгтæм æз æркæсдзынæн...
Алафарнитæн дæр бамбарын кодта: Ардагъу мæлæты къахыл
ис, уæ фенын ма йæ фæнды æмæ атагъд кæнут, чи зоны, удмидæг
æй баййафат. Ацыдысты уыдон дæр, барджытæ сын цы бæхтæ
авæрдтой, уыдоныл. Сырдон æрæмбырд кодта хæстон лæппуты
æмæ йын Цорæ ранымадта: се знæгтæ цагъды фесты иууылдæр,
удæгас дзы ничиуал у... Иу ма дзы дзурынхъом уыди æмæ йæ
Фæрныг базыдта: йæ фос ын куы атардтой, йе ’фсины йын куы
аскъæфтой, уæд уыди уыцы ныббырсты æмæ йæм нал фæлæууыд,
цирхъæй йæ ныххафта æмæ нал стæлфыд... Мæрдты иу ранмæ
æртымбыл кодтам, гæрзтæ рахастам, мæнæ халагьуды фæстæ
æвæрд сты, дзауматæй дæр цы бæззыд, уыдон рахастам, хистæр-
тæ загътой, сæ бæхты сын рацахстам, сахсæнæвæрдæй æнцон ах-
сæн уыдысты, æмæ сæ ам бабастам... Иууылдæр ам сты... Фæлæ
Ардагъуйыл цы ’рцыд?.. — нал фæлæууыд Цорæ, фехъуыста йæ
фыдыфсымæры хабар æмæ йыл, кæд йæ зæрдæ тынг нæ рысти,
уæддæр мæт кодта: хæдзары хистæрыл куырм уæйыг нымад цыд,
ныр дзы ничиуал ис, Цорæмæ ’рхауд хистæры рад æмæ йын зын
уыди, æмбæрста, ныр æнæмæтæй нал ацæудзæн йе ’мгæртты ’хсæн,
бинонты мæт уымæ хауы...
— Цорæ, Ардагъуйæн æгъдау ратдзыстæм, фæлæ уал нæ хæс-
511
ты зынтæй фервæзæм æмæ ацы тугæвдылд бынатæй фæцæуæм,
афон у... Ингæн къахын хъæудзæн æмæ лæппутæй исчи Армима-
дзæй къахæнтæ рахæссæд... Æмæ тагъддæр цæут ардыгæй... Æз
æмæ ды та хæцæнмæ ацæуæм, де ’мгартимæ... Фенон мæрдты,
исчи нын аирвæзт æви нæ, уый базонон...
Лæппутæ бахудæгау кодтой. Цорæ йæхæдæг дæр фæцæйпыр-
рыкк кодта æмæ йæм Сырдон тызмæгæй бадзырдта:
— Уый та циу, лæппу?
— Ницы, — худæндзæг йæ цæсгомыл хъазы Цорæйæн. — Иу
дзы быдырмæ сарæзта йæ ных... Марды ’фсон скодта æмæ мах
куы ницыуал æнхъæл уыдыстæм, уæд фестад, быдырмæ тæрхъу-
сы сæррæтт систа... Хуазар дын фæхъæр кодта: «Мæрдты дын
бæхæй фæцæуон, ды мæнæй куы аирвæзай!..» Асырдта йæ, уай-
тагъд æй баййæфта, йæ къах ыи бакъуырдта цирхъы тъæпæнæй
æмæ лæг зæххыл сæмбæлд, йæ къæхтæй йæ сыфцы ласт æрбакод-
та... Лæппутæ ууыл худынц. Чи хъуамæ аирвæзтаид?.. Иу удæгас
ма дзы уыд æмæ йæ Фæрныг афæрстытæ кодта, зонгæ йын ра-
зынд æмæ йыл цирхъæй ралæууыд...
Ницы сдзырдта Сырдон, фæлæ йæ цæсгом фæтар æмæ лæппу-
тæ бамбæрстой, цыдæр йæ зæрдæмæ нæ фæцыд... Сырдон сыстад
æмæ сæ разæй араст хæцæнмæ æнæдзургæйæ. Лæппутæ дæр фег-
гуырстысты йæ фæдыл... Сырдон афтæ тагъд цыд, æмæ йæ лæп-
путæ не ’ййæфтой, адугъ-асæппæй цыдысты æмæ сын Сырдон сæ
тыхулæфт хъуамæ хъуыстаид, фæлæ цæуылдæр тыхсти æмæ йæ
лæппутæ айрох сты.
Хæцæны иу ран мæрдтæ æцæг тымбылæй лæууыдысты. Сыр-
доны нæ фæндыд сæ уынын, фæлæ йын нæй æндæр гæнæн —
хъуамæ сæ банымайа, авд æмæ æртиссæдзæй къаддæр куы уой,
уæд сæ чидæр аирвæзт æмæ та сын сомбон фыдбылыз скæндзæн...
Æртæ хатты æрзылд Сырдон мæрдты алыварс, æртæ нымады сæ
бакодта æмæ уæд йæ цæсгом фæрухс — ничи сæ аирвæзт!..
Цы агуырдтой, уый ссардтой æмæ сæ сынтытæн холыйæн кæй
нæ уадзæм, уымæй бузныг уæнт!.. Не ’гъдау афтæ амоны, æндæра
уый аккаг не сты... Нарт куыдзы мард дæр ныгæнгæ кæнынц...
Сырдон ма æнхъæлмæ каст, къахæнтæм кæй арвыста, уыцы
лæппутæм. Куы сæ суыдта, уæд фæзылд Цорæитæм:
— Лæппутæ, ракъахут иу дзыхъхъ æмæ сæ уым ныккалут, сы-
джыт сыл бассивут æмæ сын фаг у, сынтытæ сæ нæ бахсындзыс-
ты, сырд та дзæгъæл быдырмæ нæ цæуы... Æрмæст рæвдздæр,
Мигъвæлммæ нæ цæуын хъæуы, ам нæ ницыуал хъуыддаг ис...
Лæппутæ акастысты, къахæнтæ чи хаста, уыдонмæ, æмæ фæ-
хъус сты. Уæд Хуазар фæныфсджын æмæ Сырдонмæ баввахс:
512
— Сырдон, богъгæнæн цы фæкæнон?..
Сырдон мæсты уыд Хуазармæ, уацайраджы куырм лæджы
’вджид кæй бакодта, уый тыххæй æмæ йын тызмæг уайдзæфы
бæсты загъта:
— Богъгæнæн нæ, фæлæ уасæн!.. Ахæсс æй мæ уæрдонмæ, ис-
куы ма нæ, чи зоны, бахъæуа... Иннæ лæдзæджы цур æй нывæр...
Хуазар бамбæрста, цыдæр фæрæдыд æмæ йæм Сырдон мæсты
у. Бахъынцъым кодта, фæлæ йын уасæн уæрдонмæ кæй æрвиты,
уымæй бабуц — иугæр ыл æууæнды, уæд æм тынг мæсты нæу æмæ
йын кæд ныггæдзæ кæнид...
Сырдон зилахар кодта лæппуты алыварс. Уыдон ингæн къа-
хыныл, мæрдты ныгæныныл багуыбыр сты æмæ сæм каст, цыма
сын исты фæрæдийынæй тарсти, уыйау. Йæхæдæг та йæхи азымы
дарыныл уыди: мæ аххос у Ардагъуйы мæлæт!.. Цæуылнæ бабæ-
рæг кодтон — цы фæци уацар? Чи йæ хъаггæны?.. Ме ’вастæй
цæмæн рацыдысты хæцæнмæ Хæмæт æмæ Хуазар?.. Уыдон ныр-
ма сывæллæттæ сты æмæ сæхи цæхæрмæ æппарынц, афтæ куыд
ничи зæгъа — бамбæхстысты, тæрхъустæ сты!.. Аминæт сылгоймаг
у, ууыл мæ бар нæ цыд, фæлæ лæппутæ хæсты уавæры хъуамæ
хистæры цæстытæм кæсой, хивастæй иу къахдзæф дæр фыдбылы-
зы хос у!.. Цæуылнæ сын æй бамбарын кодтон?.. Раздзог!.. Хæ-
лиудзых зæгъай!.. Уый раздзоджы миниуæг у, иу чысыл адæмыл
дæр ма аххæсс æмæ сын ма бацамон фыдбылыз æмæ хæрзæбон цы
сты?.. Ницы, хæлиудзых, æндæр ницы!..
— Нæ куыст фестæм, Сырдон... — йæ фæдыл цæугæ йæм ба-
дзырдта Цорæ. Сырдон дзыхълæуд фæкодта æмæ Цорæйы йæ фæс-
тæ куы ауыдта, уæд фæкъæмдзæстыг: æз хæлиудзых дæн, уый
ацы лæппуты аххос цы у, цы сын бустæтæ кæнын?.. Цыма се
’лдар дæн, уыйау сын амдзæхст-уымдзæхст куы кæнын, уæд ай циу?..
— Цорæ, дæ рын бахæрон, — цæхгæр фæфæлмæн Сырдоны
ныхас, — дæ куыстæй — бузныг! Рæвдз бакодтат хъуыддаг, нæр-
тон лæппутыл куыд æмбæлы, афтæ. Ныр ракæн лæппуты æмæ нæ
халагъудмæ бацæуæм. Цыдæриддæр дзы ис, ахæссæм сæ. Дæ хъус
фæдар дæхæдæг... Ды ныр лæппутæн сæ хистæр дæ, Сугъар цæф
у æмæ кæд сдзæбæх уыдзæн, чи зоны?.. Гъе стæй хæдзары уæз
дæр ныр дæуыл æрынцад... Зын у, фæлæ фидар фæлæуу.. Истæ-
уыл куы тыхсай, уæд-иу мæм комкоммæ бадзур... Ардагъу мæнæн
мæ хистæр æфсымæры хуызæн уыд... Цу, мæ хур, дæ аразинæгтæ
бакæн... Æниу, цом иумæ, лæппутæм дæр адзур æмæ цæуæм, бафс-
найæм нæ муртæ, халагъуд дæр стухæм æмæ йæ немæ айсæм...
Мигъвæлмы адæм тыхсдзысты æнæ мах æмæ атагъд кæнæм...
Цæуынц Сырдон æмæ Цорæ, сæ фæдыл — иннæ лæппутæ. Ныр
33 Сырдопы цæссыгтæ
513
сæ хæст куы фæци, уæд сæм диссаг фæкаст — хæст дæр кæд у
фылдæр фылдæры фыдæбон... Йæ кæрон — ингæн къахын!.. Сау
куыст, æнæрайы куыст... Нынкъард сты лæппутæ, афтæмæй цæ-
уынц Сырдон æмæ Цорæйы фæдыл... Цорæ ныр фыццаг хатт бан-
къардта Сырдоны ныхæстæй: цард уæззау у, къæдзæхыйас æр-
гъом, æвзæр фыййауы хызынау æй дæ фæдыл ласыс, уæд рог у,
фæлæ йæ де ’ккой баппæрстай æмæ йæ лæгау хæссыс, уæд йæ
быны дæ зæнгтæ дыдæгътæ кæнынц... Чи зоны, йæ ныхас исты
хæрзиуæгæн сбæззыдаид, уый та йæ къуыхтæ скодта, цыма йыл
хæсты фембæлд, лæгæй лæгмæ...
— Дзаумæттæ тухгæ æмæ хæсгæ. Иу згъæры цъæл, иу уæлæф-
тауы гæппæл, иу лæдзæг дæр ма ныууадзут!.. Хъæудзысты нæ,
нырма нæ фæндаг, чи зоны, кæд фæхæццæ уыдзæн йæ кæрон-
мæ?.. Алцы дæр нæ хъæудзæн. Халагъуд дæр тухгæ æмæ хæсгæ
у... Чырæты астæу, Алафариы уæрдоны цур æй сæвæрут... — фæ-
нымадта Сырдон æмæ йæхæдæг халагъуд халын æмæ тухынмæ
фæци. Лæппутæ зæрдиагæй февнæлдтой сæ хæстон фæллой бæс-
тытæ æмæ бæхтыл уæргътæ кæнынмæ. Чысыл фæстæдæр æдуаргъ
барджытæ цæуын райдыдтой хъæды фæндагмæ, бирæтæ йыл ныр-
ма фыццаг хатт цыдысты æмæ Хуазар разæй фæндагамонæг сси.
Иууылдæр куы фæцæуæг сты, уæд Цорæ ифтыгъд бæх бакодта
Сырдонмæ:
— Æппæтдæр бафснайдтам, Сырдон, ницы нæ ферох æмæ мах
дæр ацæуæм. Ацы бæхæй хуыздæр нæ разынд æнæхъæн рæгъауы...
Сæ хистæры, дам, уыд... Лæппутæ загътой: уый Сырдоны хъуамæ
уа!.. Сагсурæн дæр равзæрстам, фæлæ йæ фæфæраза, а-да-а, æгæр
уæззæуттæ у, æмæ...
Сырдон бахудт йæ миднымæр Сагсуры коймæ: уый бын бæх,
æцæгдæр, астæусаст фæуыдзæн!.. Фæлæ йæ кæй æрхъуыды код-
той, уый — хорз!.. Уæйыг хæстæн йæ цырв уыди æмæ лæджы
миниуджытæй та æбузнæй æнаккагдæр ничи у!.. Сырдон бæхы
идоны рохтæ райста æмæ йæ чысыл йæ фæдыл аласта, стæй сонт
зылд фæкодта фæстæмæ, бæхы барцыл иу къухæй фæхæцыд æмæ
йæхи саргъмæ фехста. Бæх йæ бынатæй нæ фезмæлыд æмæ Сыр-
дон ахъуыды кодта: ай, æцæг, хистæры бæх у, йæ бæхы ахæм
багæппыл чи сахуыр кодта, ахæм лæджы бæх!... Барæг фидар
æрбадт, зæгъгæ, уый куы фæхатыд, уæд бæх йæ къæхтæй симын
райдыдта, хъуамæ йæ фæстæгтыл слæууыдаид, фæлæ йын Сыр-
дон йæ бæрзæй армæй æрлæгъзытæ кодта æмæ бæх æрсабыр.
Сырдон æмæ йæ бæх бафидыдтой: кæрæдзийæн бæззæм!.. Уый
Сырдонæн æхсызгон уыди æмæ йæм сæццæйæ кæсæг Цорæмæ
бадзырдта:
514
— Цæуæм, Цорæ. Уæ лæварæй та — бузныг! Хорз бæх у! Разы
дæн, иуæй-иу хатт æз дæр бæхыл куы ауайон хъуыддаджы фæ-
дыл, уæд ын ницы уыдзæн, æрмæст бадзырдтам: хиздзæн дæ 6æ-
химæ æмæ йæм кæсдзынæ ды... Бæх иу хицау уарзы æмæ йыл
куыд ничи бада... Барæджы бæх у, алцы дæр æмбары, цы ма нæ
зона, уый йын мæхæдæг бацамондзынæн...
— Хорз, — бакодта Цорæ æмæ йæ бæхмæ схызт. Уый фыццаг
хатт федта Сырдоны бæхыл бадгæ æмæ дисы бацыд: чысылæй
фæстæмæ цыма барæг у, уый бадт куы акодта бæхыл, уæд кæд
сахуыр и?.. Мæнæи дæр куы бацамонид бæргæ!..
Мигъвæлмы адæм чыртæ-чыртæй лæууыдысты æмæ кæрæ-
дзийæн дзырдтой æнамонды хабар: Ардагъу амарди!.. Ацы дард
фæндагыл нæртон адæмыл фыццаг зиан æрцыд æмæ сæм диссаг
уымæн каст... Стæй хæсты нæ фæмард, адæмы ’хсæн уæрдоны
фарсмæ!.. Ныр цы кæной?.. Цы ’гъдау ын скæндзысты дзæгъæл
быдыры, фæндаджы хъæбæрыл?.. Баззайдзæн ам йæ мард, йæ
фыдæлты уæлмæрдæй дард ран, йæ ингæн дæр ын ничиуал зон-
дзæн! Уый сæм æбуалгъы хабар каст, фæлæ йæ зыдтой — фервæ-
зæн дзы нæй, мард лæджы кæдæм хъуамæ фæласой, удæгæстæ
дæр сабийы онг фистæгæй куы цæуынц?..
Мигъвæлмы лæппу барджытæ бафснайдтой сæ гæрзтæ, Ала-
фарны уæрдоны фарсмæ сæ халагъуд ногæй айтыгътой æмæ уым
сцагъд кодтой, цы сæм уыд — æппæт дæр. Бæхты хизынмæ ауагъ-
той, сæхиуæтты уæгъдæй, ахуыр уыдысты, ног бæхты — сахсæн
æвæрдæй. Æрмæст Цорæйы бæх æмæ Сырдоны бæх хызтысты
сæрибарæй. Цорæйæн йæхи бæх рагæй ахуыр уыд йæ барæгыл,
Сырдон та хъæугæрон бæхæй куы ’рхызт, уæд йæ хъуыдыйы
фæзынд — ном ыл сæвæрын хъæуы! Æркæстытæ йæм кодта æмæ
йæ раззаг къæхтыл кæд уыди дыууæ æмхуызон урс зиллаччы,
цыма йын урс хæцъилтæй баст уыдысты... Мæнæ диссаг: мæ куыдз —
урсдзых, мæ бæх — урскъах!.. Урскъах!.. Хуыздæр ном æй нæ
хъæуы. Урсдзыхимæ йæ базонгæ кæндзынæн æмæ иунæджытæ
нал уыдзысты — дыууæ æмгары!.. Аузæлыд ма йыл æмæ йæм ба-
дзырдта: «Абонæй фæстæмæ дæ ном — Урскъах! Фехъуыстай —
Урскъах!.. Ныр цу æмæ хиз, Урскъах!» Цорæйæн та загъта: «Дæхи
бæхимæ йæ суадз, сахсæн ыл нæ хъæуы æвæрын. Кæд алидза,
уæд мæн нæу æмæ йын цыфæнды кæнут. Фæлæ сахсæн — нæй!..»
Алафарн, Армимаз, Фæрныг æнкъардæй лæууыдысты Ардагъу-
йæ чысыл æддæдæр. Ног уæлæфтауы тыхтæй сгуыхт æвæрд уыд
сынтыл. Сынты хæцæнты бын цыппар хæдзы ныссагътой, мард
алкæмæ дæр куыд зына. Сырдон сæм куы бацыд Цорæимæ, уæд
сын адæм фæндаг радтой. Сырдон раздæр бацамыдта Цорæйæн,
515
цы кæнгæ йын у, æмæ ныр дыууæйæ сæргуыбыр алæууыдысты
марды раз, йæ риуыл ын сæ рахиз армытъæпæнтæ авæрдтой, стæй
хистæртæм бацыдысты æмæ уыдон Цорæйæн тæфæрфæс ракод-
той. Сырдон чысыл фæстæдæр ахибар кодта хистæрты иннæ адæ-
мæй æмæ сын афтæ зæгьы:
— Ныртæккæ ам махæй хистæр ничи ис æмæ нæ исты фæнд
хъæуы. Рухсаг уæд Ардагъу, нæ ныфсы лæг уыд, фæлæ нал и...
Бавæрын æй хъæуы нывыл. Ардагъу нæ иумæйаг зиан у æмæ йын
æгъдау дæр иумæ хъуамæ раттæм... Бирæ сагъæстæм нæ не ’вдæ-
лы — ахсæв нын нæ фæндагыл æдзæугæ нæу. Хур та ныгуылæн-
мæ акъул æмæ абон бавæрын хъæуы Ардагъуйы. Куы ’рчъицыдта,
уæд мын йæхæдæг загъта: «Фæуд лæг дæн æмæ мæ уемæ ласын-
вæнд ма скæнут, уæлæ цы хидыл рахызтыстæм, уый цур-иу мæ
бавæрут... Ирвæзæн хиды хъус...» Ардагъу йæ хæрзиуæгыл ны-
мадта йæхицæн æмæ йын уыцы хорзы бацæуæм... «Хуыздæр ницы
сфæнд кæндзыстæм...» — æнкъардæй бакодта Фæрныг. Йæ зæр-
дæйы рæбын æмбæрста, ацы фыдбылыз уый аххосæй дæр кæй
æрцыд, æмæ йæ фæндыд, тагъддæр куы ацæуид зианы судзаг, сæ
фæндагыл та куы ныллæууиккой, уæд йæ удæн æнцондæр уаид:
мард сæ цæсты раз нал уаид, цæст кæй нæ уына, уый та зæрдæйæ
дæр тагъд рох кæны. Хистæртæн ма ныр сæ каст уыд Цорæмæ,
уый та цы зæгъы, мард уæддæр ууыл æрцыд æмæ йæ фыццаг
фæрсинаг уый у...
— Цы зæгъдзынæ ды та, Цорæ? — бадзырдта йæм Алафарн. —
Дæу куыд бафæнда, афтæ кæнгæ у махæн дæр...
— Цы зæгъон æз? — æнкъардæй сдзырдта Цорæ æмæ зæхмæ
ныккаст. — Мæнæн а дунейыл ничиуал ис... Мæ мад, мæ фыды
бæсты дæр мæнæн ныр Сырдон у, мæ тыхсты бон фыццаг кæмæ
адзурдзынæн, уый... Гъе, æмæ æз разы дæн Сырдоны дзырдыл...
Иугæр мæ фыдыфсымæрæн йæхи фæндиаг у, уæд ма йыл цы ды-
вæнд кæнæм?..
Сразы сты хистæртæ дæр ацы фæндыл. Арвыстой лæппуты
хидыхъус ингæн къахынмæ. Хистæн исты амал бакæнæм, зæгъгæ,
куы загътой, уæд Фæрныг фесхъиудта:
— Уый та цæуыл дзурут?.. Мард мæ хæдзары æрцыд... Раст
куы зæгъон, уæд мæ азым дæр ис ацы фыдбылызы, — куыд ныу-
уагътон агъуыд куыдзы сывæллæтты æвджид?.. Мæ фырытæй
æртæ аргæвдæнт лæппутæ... Ноджы кæд ахсæв цæугæ кæнæм,
уæд адæм басы хъæстæ уæддæр фæуой, тыхы мур сæм нал баззад,
сывæллæттæм уæлдайдæр, тæригъæд сты...
Сырдоны зæрдæ та фæфæлмæн Фæрныгмæ: иугæр йæ азы-
мыл æргом сæтты, уæд уый лæджы гакк у. Алафарн æмæ Арми-
516
маз дæр фæйнæ фысы бафтыдтой иумæйаг хисты къæбæрмæ...
«Йæхицæн дæр цалдæр фысы уыд æмæ уыдонæй дæр иу-æртæ
аргæвдæм... Адæмы дзы фæйнæ кæрдихы уæддæр фæуа... Фæл-
лад æмæ стонг сты...» — бадзырдта хистæртæм Цорæ. Уый бæл-
вырд зыдта йæ барджытæ, йæ фистæг хæстонтæ дæр æрдæг æх-
хормаг кæй сты, æмæ йæ фылдæр уыдон мæт уыди. Лæппутæм
адзырдтой æмæ сын сæ бар бакодтой фыстæ аргæвдын æмæ сфы-
цын... Алафарн æмæ Фæрныгæн та сылгоймæггимæ бадзурын: дзул-
тæ æрбамбырд кæнæнт адæмæн сæхицæй, алы ’фсинæй дæр æртæ
дзулы, фынгыл та иууылдæр сбадæнт — лæгæй, усæй, сабийæ. Изæ-
ры цæугæ у æмæ нæ æхсæвæр фыцынмæ нал æвдæлы!..
Ингæн цæттæ у, зæгъгæ, куы фæхабар кодтой лæппутæ, уæд
Сырдон сынт рахæссын кодта уæрдæттæй иуварс æмæ адзырдта
адæммæ:
— Мæнæ нæртон дзыллæ!.. Ацы фыдæвзарæн фæндагыл фыц-
цаг лæджы æрвитæм мæрдты бæстæм... Бæргæ, йæ фыдæлты уæл-
мæрдыл куы сæмбæлдаид, фæлæ уый фадат нæй... Йæхи фæнди-
аг уыд: бавæрут мæ Ирвæзæн хиды хъус!.. Чи зоны ма уæ, загъта,
искуы исчи ардæм æрбафта, уæд зондзæн мæ ингæн æмæ-иу мæ
разы алæууæд, «Рухсы бад!»-иу зæгъæд æмæ мæрдты мæ зæрдæ
буц уа... Иæ фæдзæхст ын чи ферох кæна, уый лæг ма фæхуый-
нæд!.. Ардагъу нæртон лæппутæн йæ рæстæджы сæ ныфс уыди,
сæ тыхджындæр, фæлæ йын цæсты рухс нал уыд æмæ уый аххо-
сæй æрцыд йæ мæлæт. Йæхæдæг загъта: цин кæнын, куырмæй
дæр тохы бон, знаджы армæй кæй æрцыд мæ мæлæт!.. Уый æцæг
лæджы мæлæт у!.. Рухсаг у, Ардагъу, уæйыг уыдтæ æмæ уæйыг
лæджы мард, кадджын лæджы мард акодтай!.. Дæ цæсты рухс
дын чи байста, уый та дын мæрдты урс бæхæй фæцæуæд!.. Рухсаг
у нæ уæйыг æфсымæр! Дæ ном дын буцæй мысдзыстæм!..
Схæцыдысты хистæртæ — Сырдон, Алафарн, Армимаз æмæ
Фæрныг — сынты цыппар къухыл æмæ уæнтæхъил, сæргуыбы-
рæй араст сты Хидыхъусмæ... Чысыл фæстæдæр сæ кæстæртæ
раивтой æмæ Сырдон раздæхта хистæрты — фынгмæ æркæсут æмæ
æгъдау раттут, фæндаджы размæ адæм чысыл куыд фæхъуырт-
хъом уой, рохуаты мачи баззайæд æфсæрмæй.
Диссаджы райдзаст фæкаст Сырдонмæ ныр Хидыхъус. Æгас
дуне зыны ардæм. Хур йе скастæй йæ ныгуылдмæ йæ цæст нæ
исы ацы айнæджы сæрæй. Кæсдзæн Ардагъумæ æмæ йын ацы
дзæгъæл ран тавдзæн йæ иунæг уд... Ардагъуйы батыхтой, хæс-
тон лæджы тыхт, йæ уæйлаг нымæты, стæй йæ, хуры скастмæ
куыд уыдаид йæ цæсгом, афтæ ауагътой ингæны, хъавгæ йæ баны-
уæрстой сыджытæй. Йæ уæлингæн та йын самадтой дуртæ. Рауа-
517
ди рæсугьд амад цæнд æмæ Сырдон загъта: «Уый уыдзæни Ар-
дагъуйæн дуробау, фыдæлты æгъдауæй цыты лæгæн куыд æм-
бæлд, афтæ.
— Хайыр дын уæд, Ардагъу-уæйыг, ацы дуробау!.. Йæ цæс-
сыгтæ аныхъуырдта Сырдон æмæ раздæхт фæстæмæ Мигъвæлм-
мæ. Канд Ардагъуйыл нæ куыдта Сырдон, фыццаг йæхиуыл куыд-
та: æз дæр уыйау иунæг дæн!.. Мæн, чи зоны, ныгæнæг дæр нæ
уа... Уастырджи, иу хорзæх дæ курын: фæндагæн мæ йæ кæрон-
мæ фæхæццæ кæн, адæмы æрбæстон мæ фæнды æмæ мын уый мæ
къухы бафтау, стæй мæ зæххы скъуыды ауадз æмæ фæуа мæ иунæ-
джы хъизæмар, бузныг дæр ма дæ уыдзынæн!..
Адæм хист бахордтой æмæ сæ уæрдæттæм ацыдысты, фæндаг-
мæ сæхи æрцæттæ кодтой, иу ран лæууынæй дæр сфæлмæцыдыс-
ты, цыма рагæй фæстæмæ цæугæ цард кодтой, уыйау. Сырдоны
цы цæттæ хъуыди? Уæрдон ног, рæвдз, галтæ — æфсæст, Фатаку-
имæ сахуыр сты кæрæдзийыл æмæ нал хицæн кодтой, сæ фыййау
дæр уый уыди. Сырдонæн фæзынд, æцæг, иу ног мæтаг — бæх,
Урскъах. Æрбакæнын хъæуы уый дæр, базона йæ бинонты, фæ-
цайдагъ сыл уа... Сырдон ахъуыды кодта: Сугъарæн цæуын зын
у, ныр барджыты хицау Цорæ у æмæ уый дæр мæрдджын, стæй
æвæлтæрд, цæст æм фæдарын хъæудзæн... Фæндаджы размæ йæм
бацæуын хъæуы, хистæры фæдзæхст уæддæр уæлдай нæ уыдзæн,
стæй мæ бæхы дæр ракæндзынæн...
Цорæ, загътой, Сугъармæ ацыд æмæ Сырдон дæр йæ фæдыл
уырдæм араст: Аминæты дæр абæрæг кæндзынæн, стæй Сидахъы
фендзынæн!.. Сугъар фæдзæхста Цорæйæн, фæндагыл ын цы
кæнгæ у, афтæ сæм бахæццæ Сырдон дæр.
— Куыд у дæ риссаг къах, балхон? — хъазы Сырдон. — Æви дæ
нымадæй куыдзы хæст тагъд байгас вæййы?.. Нæ, мæ хур, куы-
дзы хъуын ыл æвæрын хъæуы!.. Алæ-ма, йæ баст дын рæстмæ
у?.. Ахсæв бафæраз, сом дын æй боны рухсмæ раивдзынæн... Цо-
рæйæн фæндаджы фæтк афæдзæхстай? Уый хорз, æз дæр ын ам
дæн. Разæй цæуын æмæ йын æнцон агурæн дæн... Исты, уæд-иу
мæм фæхъæр кæн, Цорæ, хъуыддаджы сæрыл бадзурын къæйны-
хы нысан нæу, фæдзур-иу мæм... Аминæт та куыд у?
— Не ’фсины йын хъæдгомгæс баурæдтон, æндæр ын мæ бон
ницы у, — радзырдта Сугъар. — Хосгæнæг та нæм иунæг ды дæ.
— Цорæ, ды ам чысыл фæгæдзæ кæн, æз рынчынмæ бауайон,
ныртæккæ зындзынæн æмæ иумæ ацæудзыстæм, — Сырдон Цорæйы
фæуагъта Сугъары цур æмæ Аминæты уæрдонмæ атындзыдта.
Уæрдоны гуыффæйы, ныр артдзæсты бæсты чи уыд, уым цы-
рагъы рухсмæ ныхæстæ кодтой дыууæ усы. Сырдон Аминæты
518
цæсгоммæ ныккаст æмæ йæ зæрдæмæ нæ фæцыд — туджы цъыртт
дзы нал ис!.. Сидахъ æм йæхи раппæрста æмæ йæ Сырдон йæ
хъæбысмæ райста уæрдоиæй. Уый йе ’фцæджы ныттыхст æмæ
йын йæ хъусы баулæфыд: «Баба, мæн демæ фæнды...» Сырдоны
зæрдæ айдзаг тæригъæдæй: саби фæтарст, Ардагъуйы куы мард-
той, уæд æмæ тыхсы — Ардагъу амард, гыцци дæр куы амæла?!.»
«Акæндзынæн дæ, æрмæст ма тæрс...» — сусæгæй йын дзуры йæ
хъусы Сырдон дæр. — Сидахъ æрсабыр. Сырдон афæрстытæ код-
та Аминæты, ныфсытæ йын авæрдта æмæ йæм бадзырдта:
— Райсоммæ фæфынæй кæ, иууыл дæ фарсы рисыл ма хъуы-
ды кæн!.. Мæнæ æз æмæ Сидахъ адæмы разæй заргæ-хъазгæ цæу-
дзыстæм æмæ-иу махыл хъуыды кæн, дæ рис куыд айрох уа. Куы
сбон уа, уæд уын рухсмæ уæ баст раивдзынæн, дæу æмæ Сугъа-
рæн, æмæ уæ цæфтæ адзæбæх уыдзысты, раст куыдзы хæстау!..
Æццæй нæ, Сидахъ? Раст нæ зæгъын?
— Æцæгдæр, афтæ!.. Сырдон раст зæгъы, Гыцци, æмæ уымæ
хъус!.. Мæнæ æз хъусын æмæ йемæ цæуын, ды баулæф, науæд
иууыл мæ мæт кæныс: цы уыдзынæ, куыд уыдзынæ!.. Баулæф
æмæ адзæбæх уай, Сырдон раст зæгъы!.. — бирæ дзуры, Сидахъ
тæрсы — йæ мад æй куы нæ ауадза.
— Ма йын тæрс, хорз Алæгон, кæнын æй мемæ, — лæппуйы
фарс фæци Сырдон. — Ахсæв цыма фыццаг бон цæуæм фæнда-
гыл, афтæ мæм кæсы æмæ уæд саби æмбæлæг хъæуы, фæндарас-
ты охыл. Чи хъуамæ уа Сидахъæй хуыздæр хæрзæмбæлæг?! Цæй,
хæрзæхсæв ут!.. Æз æмæ Сидахъ ацыдыстæм, райсом уæм иумæ
æрбацæудзыстæм!.. — фæзылд Сырдон æмæ Цорæмæ бадзырдта,
цæуæм, зæгъгæ.
Цорæйæн фæдзæхсын ницыуал хъуыд, фæлæ йæ ракодта бæх-
тæ æрцахсынмæ. Хизгæ æдсаргъ кодтой, уæгъд æхтонгæй, идоны
къæбæлтæ комæй æфтыд... Изæрмилты чысыл ауадысты быдыры
æмæ Цорæ сабыр бадзырдта Сырдонмæ: кæс-ма нæ бæхтæм, кæ-
рæдзи бæрзæйтыл сæ сæртæ сæвæрдтой æмæ сусæгæй цыдæртæ
сыбар-сыбур кæны иу иннæйы хъусы... Сырдон дæр сæ суыдта
æмæ бацин кодта — æцæг хорз бæх кæндзæн!.. Кæд ма йæ номмæ
æрбацæуа, уæд диссаджы хайуан уыдзæн!..
— Гъе, Урскъах!.. Ардæм рацу!.. — Бæхтæ сæ хъустæ фæхъил код-
той æмæ айхъуыстой. — Урскъах! Ардæм!.. — Бæх йе ’ргом фæзылдта
хъæлæсмæ, фæлæ йæм цæуынвæнд нæма уыди. — Урскъах! — хъæр-
дæрæй сдзырдта Сырдон æмæ бæхы ’рдæм араст. — Ардæм рацу
дын зæгъын, Урскъах, æви мæ изæрмилты нал базыдтай?..
Бæх разылд цадæггай æмæ Сырдоны ’рдæм цæуы, лæгмæ дзагьыр-
дзæстæй кæсгæ. Сырдон базыдта, хъæлæсæй йыл æххæст не ’ууæн-
519
ды æмæ йæм æввахсдæр кæны йæхи, рæвдауæн хъæлæсæй дзуры
бæхы ном: — Хорз бæх дæ, Урскъах, фæлæ мæ дзæбæх нæма
зоныс, талынг кæны æмæ мыл фæдызæрдыг дæ. Нæ, Урскъах,
нырæй фæстæмæ хъуамæ зонæм кæрæдзи уындæй дæр, хъæлæ-
сæй дæр, зæрдæхаттæй дæр... Чи зоны, саби мæ хъæбысы кæй ис,
уымæй тæрсыс? Е, Урскъах, ды уый куы базонай, куыд хорз лæг у,
уæд æй мæнæй фылдæр уарздзынæ, мæ фыдыстæн, Урскъах!
Бæх æмæ лæг кæрæдзимæ бацыдысты. Бæх æмæ лæг æрлæу-
уыдысты, кæрæдзимæ бакастысты æмæ бæх йæ сау мукъу лæгмæ
бадардта, лæг ын æй рахиз армæй адаудта æмæ уæд Сидахъ дæр
фæныфсджын, уый дæр йæ арм бахаста бæхы мукъумæ, алæгъзы-
тæ йæ кодта æмæ йыл стæй дыууæ къухæй ныттыхсти: «Ай хорз
бæх у, баба, æмæ мæн уыдзæн!.. Ратдзынæ мын æй?..»
— Ратдзынæн, мæ хуры цæст, ратдзынæн!.. Нæ дыууæйы у,
дæу æмæ мæн. Æццæй, Урскъах?.. Хорз бæх у æцæгдæр, Сидахъ,
æмæ йæ никæмæн ратдзыстæм. Ныр иууылдæр немæ уыдзæн!..
Цом, Урскъах, нæхимæ!.. — Сырдон араст разæй, фæлвары, кæд-
дæра бæх йæ фæдыл цæуид, æмбаргæ бæхы идадзæй ласын нæ
хъæуы... Бæх фæкаст йе ’мбал бæхмæ æмæ куы федта, ууыл йæ
хицау абадт æмæ фæцæуынц, уæд уый дæр араст Сырдоны фæдыл.
— Рæствæндаг-иу фæу, Сырдон, — æрбадзырдта тæнæг фæл-
мæй Цорæ.
— Не ’ппæты дæр рæствæндаг фæкæнæд Уастырджи! — адзырд-
та йæм Сырдон æмæ араст дарддæр йæ уæрдонмæ. Бæх цæуы йæ
фæдыл æмæ Сырдон цин кæны: ай лæгау æмбаргæ бæх у æмæ
иунæг нал дæн, æнæхъæн бинонтæ: Сидахъ, Урсдзых, Урскъах
æмæ æз, Сырдон Гæтæджы сахъ фырт! Чи у иунæг?.. Хæррæджы
дымæг!
Чысыл куы рауадысты, уæд Сырдон Сидахъы фæрсы:
— Бæхыл искуы бадтæ? Никуы... Уый хорз нæу, нæртон лæп-
пу бæхыл хъуамæ зона бадын дæр, уайын дæр æмæ сæрбихъуы-
рæйттæ кæнын дæр!..
— Æмæ ды зоныс сæрбихъуырæйттæ дæр?..
— Зонын, мæ хуры цæст, зонын æмæ дæуæн дæр бацамондзы-
нæн. Фæлæ уал ныр саргъыл бадын бафæлвар. Урскъах, ардæм
ма рауай... — Бæх æрлæууыд Сырдоны фарсмæ æмæ йæм уæд
ногæй бадзырдта. — Абонæй фæстæмæ ацы лæппу уыдзæн дæ
кæстæр. Сбадти дыл, ма йæ аппар! Исты йыл цæуы, бахиз æй!
Уый дыл узæлы, ды дæр ыл баузæл!.. Бадзырдтам, мæ хур, ба-
дзырдтам, Урскъах!
Сырдон Сидахъы саргъыл сæвæрдта, стæй идоны рох згъæл-
лаггомы цæгмæ кæм иу кæны, уым ныххæцыд æмæ араст сты æр-
520
тæйæ уæрдонмæ, Фатакуймæ... Базонгæ кодта Сырдон Урскъах
æмæ Урсдзыхы, стæй сын иу дзул райста, йæ цыппæрæм хай йын
Урскъахæн радта, иннæ — Урсдзыхæн: уый æххормаг у, ды та
хизгæ кодтай, æмæ дæм æндæр не ’мбæлы... Мах — Урсдзых,
Сидахъ æмæ æз, — рæстдзинадæй цæрæм, æмæ йыл ды дæр са-
хуьф у. Æццæй нæ, Сидахъ?..
— Æцæг афтæ у, Урскъах, ды дæр махау хъуамæ цæрай, —
амоны Сидахъ дæр.
Сырдон цæттæ уыд йæ дард æмæ катайаг фæндагыл ногæй
цæуынмæ. Йæ каст ма уыд æрмæст урс бæлоны стахтмæ, æндæр
йæ галтæ дæр ифтыгъд уыдысты... Скаст Сырдон уæлæрвтæм,
урс бæлон куы нæ зынд уæд æмæ уыны: ног мæйы нарæг къæлæт —
ихсыд æхсырфæй нарæгдæр! — æрцауындзæг дунейы сæрмæ, æгæ-
рон æмæ æгомыг быдыры сæрмæ: мæнæ бардуæгты тыхмийæ, ли-
дзæг тæригъæддаг адæмы сæрмæ, æмæ дыдзы рухс кæны... Цымæ
нын цы фыдæбон æмæ цы хæрзæбон хæссы?.. Æви йæ мах æп-
пындæр не ’ндавæм?.. Хъуыды кæны Сырдон æмæ йæ хъус ацахс-
та маргъы базырты пæр-пæр. Фæкаст арвмæ æмæ уалæ урс бæлон
йæ базыртæ тилы, цыма иу ран баст у, уыйау, стæй бæрзонддæр
систа йæхи, æртæ зылды æркодта æмæ уæд асхуыста талынг бы-
дырмæ — раст Сырдон боныгон кæдæм æнхъæл уыди, уыцы ’рдæм.
«Уастырджи, фæндараст!» — загъта йæ миднымæр Сырдон, æргом
та бадзырдта Сидахъмæ:
— Мæ лæппу, мæнæ Урсдзыхимæ чысыл размæ ауайут, мæ-
нæн хæрзæмбæлæг куыд уат. Урскъах йæхæдæг цæудзæн, стæй
дæ куы бафæнда, уæд дæу саргъыл сæвæрдзынæн, Усрдзых та
мемæ цæудзæн...
Урсдзых æмæ Сидахъ ауадысты разæй, сæ фæдыл ацыд Урс-
къах дæр, стæй Сырдон галты сæрбосыл анцад — «Цом, цом, Къо-
бор! Цом, Хъила!» — æмæ та райдыдта йæ фыдæвзарæн фæндаг...
Æцæг, ныр дард нал у йæ кæрон: уæлæ мæй куы базæронд уа,
фæсхохмæ куы атула æмæ куы нал скæса, уæд фæци сæ фæндаг
дæр... Фæлæ цы уыдзæн уым дæр — хæрзæбон, йе фыдбылыз?..
* * *
Ницы сыл æ.рцыд уыцы ’хсæв. Сидахъ цыд Фатакуйы фарс-
мæ, йæ къухæй йын йæ къæбут ныхта, афтæмæй. Стæй йæ Сыр-
дон саргъыл сæвæрдта æмæ та цыдысты кæдæмдæр... Стæй, Си-
дахъ куы суазал уа, зæгъгæ, Сырдон æй батыхта йæ дæрдджын
уæлæфтауы, йæ нымæты æмæ Сидахъ бафынæй æнæмæт, зæрдæ-
рæвдыдæй. Урсдзых цыд разæй, йæ ахуыр куыд уыди, афтæ, йæ
521
фæдыл Урскъах. Кæд-иу Урсдзых бæлоны тæхæнвæдæй фæиу-
варс, уæд-иу æй Сырдон рæстырдæм фæцалх кодта æмæ та-иу
цыд ногæй, сабыргай, галтæ йæ куыд æййæфтаиккой. Цыдысты
адæмы уæрдтæттæ дæр сæ фæдыл, тылдысты æхсæвы талынджы
кæдæмдæр, фæлæ сæ ничи зыдта: кæдæм, кæд фæуыдзæн сæ балц
ацы æдзæрæг быдыры?..
Бон рухс кæнын райдыдта, Сырдон афæлмæцыд цæуынæй,
уыцы иугъæдон рæдзæ-мæдзæ цыдæй æмæ йæ цæст ныййирд 6æ-
лоны æрбадтмæ. Уалынмæ бæлон æрбадт æмæ кæрдæджы аны-
гъуылд. Сырдон галтæм радзырдта: «О-о, уæ рын бахæрон!» —
æмæ сæ æрурæдта. Суæгъд сæ кодта æфсондзæй æмæ уæд Урс-
дзых æмæ Урскъах дæр фæстæмæ раздæхтысты. Галтæ бафæлла-
дысты æмæ хизынвæнд нæ кодтой, уæрдоны цур уайтагъд ных-
хуыссыдысты. Сырдон бæхæн дæр йæ саргъ систа, идон рафтыдта
æмæ йæ суагъта: никуыдæм ацæудзæн, хизæд кæнæ схуыссæд уый
дæр. Фатакуй фæйнæрдæм акæстытæ кодта — бон кæны, ницы тас
у! — æмæ уый дæр галты фарсмæ йæ гуыбыныл æрхуыссыд, йæ
сæр йæ дзæмбытыл æрæвæрдта. Фæллад уыд Сырдон дæр æмæ
Сидахъы фарсмæ батымбыл.
Хур уæлейау ссыд. Мигъвæлм ныр бирæ фæтæнæгдæр, хуры
тынтæ батавтой æдзæрæг быдыр æмæ лидзæг адæмы. Фынæй кæ-
нын дæр сæ рæстмæ нал уагътой. Раздæр райхъал сты сывæллæт-
тæ æмæ сæ ныййарджытæ. Раджы райхъал Сидахъ дæр, фæлæ
сыста — æмæ Сырдон куы райхъал уа, ма сыста æмæ йæ хуыссын
нал фæнды. Сырдоны аивæй райхъал кæнон, зæгъгæ, йын йæ ри-
хитæм йæ уæларм бахæссы æмæ сæ радау-бадау кæны. Сырдон
райхъал и уыцы ’внæлдмæ, фæлæ йæ цæстæй нæ ракаст, — цы
кæндзæн дарддæр?.. Сидахъ та ногæй бавнæлдта рихитæм йæ
уæлармæй æмæ йæм уæд Сырдон фæкъæпп кодта æмæ Сидахъ
ныххудт.
— Йе, хинæйдзаг, хъал дæ æмæ мæ къахгæ кодтай!..
— Къахгæ?.. Цы дæ къахтон?..
-- Ома йын йæ къухыл фæхæцон, æндæр цы!..
Нæ, Сидахъ, æз дæ æцæг уыдтæн къахинаг... — ахъуыды код-
та Сырдон, фæрсинаг æй у, куыд æрцыд Ардагъуйы хабар, фæлæ
тæрсы, мыййаг, сабийы зæрдæ ногæй куы фæрисса йæ мысина-
гæй?.. Уæддæр æй бафæрсын хъæуы, чи зоны йæ радзурынæй
фенцондæр уа йæ зæрдæ.
— Уæд цавæр къахинаг у, цæуылнæ йæ зæгъыс?..
— Цы куы зæгъай, Сидахъ — нæртон лæг, уæд мæ фæнды базо-
нын: куыд хæцыд Ардагъу уыцы цыбырдым уацаримæ хъæбысæй?..
— Куыд хæцыди?.. — ныр та Сидахъ фæхъуыдыйыл. Йæ зæр-
522
дæйы тас сног, туджы лæсæнтæ йæ цæстытыл ауадысты æмæ ныт-
тызмæг, фæлæ йæ зыдта, радзурын хъæуы, æцæг куыд уыди, уый...
Иннæтæй йæ ничи федта...
- Куыд хæцыди, куы, - ногæй райдыдта Сидахъ. — Гыцци
цæйдæр гæрзтæ куринаг уыди Ардагъуйæ æмæ уый сæхимæ нæ
разынд. Фæрныджы кæрты, дам, и... Рацыдыстæм уырдыгæй
фæрныгтæм æмæ Ардагъу æцæгдæр уым бадти къуыдырыл...
Гыцци йын, гæрзтæ мын ратт, куы загъта, уæд уый та афтæ зæгъы:
ратдзынæн, фæлæ мын ды та дæ лæппуйы ратт, ам мæ цуры цæ-
мæй уа, цалынмæ лæгтæ цæуой, уæдмæ. Науæд ацы куыдз ли-
дзынвæнд куы скæна, уæд æй куырмæй куыд базондзынæн?.. Лæппу
цæстджын у æмæ мын æй афоныл зæгъдзæн æмæ уæд куыдзы мæ
армы аууæрддзынæн, еууы ’фсирау... Гыцци сразы ис æмæ йын
уæд Ардагъу загъта: хуыздæр фæу, мæ къух мын сарæзтай, æндæ-
ра худинаг кодтон! А-гæрзтæ та мæ уæрдоны къуымы сты æмæ сæ
ахæсс. Цæй гæрзтæ ма дзы и, фатдон, иу дæс фаты, æнхъæлдæн,
æмæ æрдын... Йæ бос зын æфтауæн у сыкъайыл, фæлæ-иу дæ уæз
ауадз кæнæ йæ ардæм рахæсс æмæ дын æй бафтауон...
Ацыд Гыцци æмæ фæстæмæ нал æрбаздæхт... Ардагъуимæ бад-
тыстæм уым, уæрдоны фарсмæ, æмæ хъаст кодта: лæппутæ, дам,
дыууæ уыдысты æмæ сæ иу раздæр ацыд — ам, зæгъгæ, дыууæйæ
цы бадæм иу баст лæджы цур, уым хæцгæ кæнынц, мах та ам
сатæджы бадæм... Иу дзы ацыд, Фæрныджы лæппу, Хæмæт æй
хуыдта йе ’мбал... Иннæ баззад, фæлæ стæй лæгъстæ райдыдта
Ардагъуйæн: баст лæгæн, дам, хъаггæнæг нæ дæр хъæуы. Ды ам
дæ æмæ дæ тæрсдзæн, змæлгæ дæр не скæндзæн æрмæст макуы-
дæм ацу, æндæр дзы ницы хъæуы, æз та, дам, уым хæсты, чи
зоны, исты ахъаз фæуон лæппутæн. Уыдон, дам, сæ туг калынц,
æз та ам бадон?.. Фæтæригъæд, дам, ын кодтон æмæ йæ ауагътон,
чи зоны, уым æцæг йæ сæр хъæуы æмæ йæ æз та ам дарон?..
Хуазар, дам, хуынди... Гыцциимæ куы бацыдыстæм, уæд Ардагъу
иунæгæй уыди... Уыцы лæг та уæрдоньгбын, йæ къухтæ фæстæ-
мæ, æвæццæгæн ын баст уыдысты. Афтæ бадтыстæм æмæ мын
Ардагъу цыдæр аргъæуттæ кодта... Уыцы лæг не змæлыд, иу ран
бадт æмæ йе ’ргом махмæ скодта, цыма нæм хъусгæ кæны... Стæй
уæд иу афон рабырыд æмæ слæууыд, уæддæр йæ къухтæ фæстæ-
мæ. Æз æм лыстæг кастæн æмæ загътон Ардагъуйæн: лæг рабы-
рыд æмæ слæууыд!.. «Цæуынвæнд æм кæд нæй?» — бафарста
Ардагъу æмæ уыцы тæккæйы лæг йæ къухтæ базыртау систа æмæ
Ардагъуйыл йæхи ныццавта... Æз фæхъæр кодтон: фæцæуы дæм,
дæхи хиз!.. «Рауадз мæм æй!» — фæбогъ кодта Ардагъу æмæ йæ
йæ хъæбысы æрбатæстытæ кодта, стæй фестад æмæ йæ йæ быны
523
æркодта, йæ хурхыл ын ныххæцыд... Лæг, Ардагъуйы фарсыл цы
кард уыди, уый фелвæста æмæ йын æй йæ фарсы бацавта... Туг
ныссæххæтт кодта... Ардагъу ныббогь-богъ кодта, фæлæ йæ не
суагъта, æрмæст мæм дзуры: мæ лæппу, иу дур ма мæм ратт, иу
дур æмæ йын йæ сæр ныббырон кæнон, науæд куы бауадзыг уон
æмæ куы аирвæза, дæуæн дæр исты куы кæна... Бахастон æм иу
стыр дур, уæрдоны цалхы бын уыди æмæ йæ тыхæй фыдæй раф-
тыдтон... Дур йæ къухы куы бафтыд, уæд мын афтæ: мауал тæрс
мæ лæппу, ныртæккæ йын йæ буррондз йæ хъæлæсæй акалдзы-
нæн... Йæ хурх ын не суагъта, галиу къухæй йыл хæцыди, фæлæ
йын рахиз къухæй йæ сæр ныммур, ныттæбæкк кодта, туг æмæ
стджытæ фæйнæрдæм калдысты... Лæгæн ма йæ къæхтæ зыр-зыр
кодтой, стæй адаргъ сты æмæ нал тæлфыд... Уæд Ардагъу афтæ:
нал алидздзынæ, мæ лымæн лæг... Мæхи кардæй мæ аргæвстай,
фæлæ мæ ды дæр æвыдæй нæ аирвæзтæ... Цы фæдæ, мæ лæппу,
устытæм адзур, ма тæрс... Уыдон мын исты хос кæндзысты... Æз
устытæм азгъордтон, загътон сын, æмæ рафæдис кодтæй мемæ...
Не ’рбацыдмæ Ардагъу уæлгоммæ хуыссыди, иннæ дæр йæ фарс-
мæ... Дыууæ дæр амардысты...
— Хорз, Сидахъ, фаг... Дарддæр цы уыд, уый æз дæр зонын...
Ды, мæ лæппу, æцæг нæртон лæг разындтæ!.. Дæуæй æндæр, уæд
ницы федтаид, аргъаумæ хъусыныл фæуыдаид, нæ дæр дур раф-
тауын базыдтаид... æмæ уыцы куыдз алыгъдаид... Ды сгуыхт лæг
разындтæ æмæ дæ æз тынг бузныг дæн, тынг!..
— Æцæг зæгъыс, Сырдон, — лæгау æлхынцъæрфыгæй бафарс-
та Сидахъ, — нæ мæ сайыс?..
— Искуы дæ фæсайдтон? Искуы дын мæнг ныхас загътон?
Уæд мын æй комкоммæ зæгъ, — фæтызмæг кодта йæхи Сырдон дæр.
— Никуы!.. Зæххардыстæн, никуы! — фестад Сидахъ.
Сырдон дæр рабадт æмæ йæ хъæбысы æрбатыхта лæппуйы,
йæ цæсгом ын куыннæ уыдтаид... Æмæ ницыуал дзырдта. Сидахъ
уæхсчыты схъиудæй базыдта, Сырдон кæуы йæхимидæг сусæгæй,
барæй мыл хæцы, цæмæй йæ ма уынон, фæлæ цæуыл кæуа? Æвæц-
цæгæн, Ардагъуйы мардыл... Нынкъард Сидахъ æмæ цы акодта-
ид, уый нал зыдта. Фæлæ уæдмæ Сырдон йе ’муд æрцыд æмæ
йæм йæ раздæры хъæлæсæй бадзырдта:
— Ды, Сидахъ, æцæг нæртон лæг разындтæ æмæ уый æз адæ-
мæн дæр радзурдзынæн. Науæд дзурыс, сайгæ дæ кæнын... Уый
хъуамæ алчи дæр зона!..
Сидахъ зондджын саби уыд, фæлæ нæ базыдта, цæуыл куыдта
Сырдон... Ардагъуйыл?
Куыдта Сырдон Ардагъуйыл, æцæг куыд, фæлæ ма куыдта
524
фырцинæй дæр, фервæзт ын Сидахъ!.. Ардагъу йæ уд рауæлдай
кодта сабийы тыххæй!.. Фервæзт йæ зараг лæппу!.. Ныр æй йæ
цурæй нал ауадздзæн дард, хъуамæ уый цæра, зара æмæ йæ уды
рухс байтауа ацы талынг дунейыл, науæд бынтон ныммæйдар уы-
дзæн адæймаджы уд, лæджы уæлæнгай æмæ хиуылмард зонд!..
фервæзт йæ лæппу æмæ фырцинæй ныббогъ кæнид Сырдон, фæлæ
нæ уæнды сабийæ...
Сидахъы аиуварс кодта Сырдон æмæ рахызт уæрдоны гуыф-
фæйæ. Лæппуйы истæуыл аирхæфсын хъæуы, туджы нывтæ дзы
куыд айрох уой... Уæд цæмæй?.. Бæх!.. Уый йæ ног хæлар у æмæ
фылдæр ницæуыл бацин кæндзæни!.. Акаст Сырдон æмæ йæ гал-
тæй чысыл фалдæр бæх æмæ куыдз хъазынц: Фатакуй йæм йæхи
баппары æмæ уæд йæ хъустæ фæгæмæл кæны æмæ къахдзæф раз-
мæ ралæууы. Фатакуй цыма тынг фæтарст, уыйау схъыс-хъыс кæны
æмæ йæхи иуварс фехсы. Йæ къæдзил тилгæ æрзылдтытæ кæны
бæхы раз æмæ та йæм йæхи фехсы... Уæд бæх цæхгæр фæзилы
æмæ йæ разæвæт кæны, уæлдæфы дзæгъæлы куыд ацæуа къахы
риуыгъд... Урсдзых ноджы тынгдæр схъыс-хъыс, срæйæгау кæны,
йæ дымæг йæ быны фæцæвы, цыма тынг цæф фæци, йæхи иуварс
аппары, стæй та бæхы раз здыхт дымæгæй цалдæр кафты æркæны
æмæ хъазт ногæй райдайы...
— Йе, Сидахъ, дзæгъæлы дæ рахуыдтон хорз лæг!.. Ахæм нæма
дæ, йе ’мбæлтты чи рох кæны, уый хорз нæ вæййы!.. Хъазынц
Урскъах æмæ Урсдзых, ды та сæм кæсгæ дæр нæ ракодтай!.. —
Сидахъ уæрдоны гуыффæйæ ауыдта куыдз æмæ бæхы хъазт æмæ
йæ цæсгом фырцинæй фæйнæрдæм алыгъд. Ратæррæст кодта æмæ
сæм бауад, атыхст Фатакуйыл, абынæй йæ кодта, стæй бауад Урс-
къахмæ: «Мæхи киро, мæхи киро!» — йæ армыдзыхъхъ æм бадардта
æмæ йæм бæх дæр æргуыбыр кодта, науæд ын Сидахъ йæ мукъу-
йыл куыд атыхсдзæн?.. Иугæр хъазыныл фæци саби, уæд дзы
алцы дæр айрох уыдзæн, фæлæ цы чындæуа Аминæты хъæдго-
мæн?.. Цирхъы бырынкъ фæрсчыты 'Хсæн бацыд æмæ уырдæм
баххæссын мæ бон нæу... Мæ хосгæрдæджытæй дæр ницы рахас-
тон... Фæндагыл æй хæцыны сæр бахъæудзæн, уый æнхъæл нæ
уыд, ам та хуымæтæджы сыгьды сыф дæр никуы ис. Хъæдгом
мидæгæй куы ферхæм уа, уæд лæг фесæфт, Сидахъимæ быны си-
дзæрæй баззайдзыстæм... Уый йæхи мæ сæрыл æрхаста æмæ æз
та?.. Дзæбæх зæрдæ йæм дардтон, Зæринæйы мондæгтæ дзы ис-
тон, фæлæ мæ хъуыдыйы никуы ’рцыд: уый та мæм цы зæрдæ
дары?.. Хæцы йæхимæ Сырдон, фæлæ йын уый йæ катай нæ исы.
Цы феххуыс уа Аминæтæн, уымæн ницы зоны æмæ тыхсы.
Исты ахæрын хъæуы æмæ цæугæ у рынчынтæм, загъта йæхицæн
525
Сырдон æмæ дзулæвæрæн чъыбыла асгæрста. Дыууæ дзулы ма дзы
ис: иу æз æмæ Сидахъæн, иннæ Урсдзых æмæ Урскъахæн!.. Райста
сæ, райста ма иу цыхты къæртт дæр, — Фари йæ цух нæ уадзы
хæринагæй. «Алафарн мæ дары, æндæра афонмæ сыдмард акодта-
ин!..» — мæсты худт бакодта Сырдон æмæ бадзырдта Сидахъмæ:
— Хорз лæг!.. Æруай-ма, цыдæр дын зæгъон дæ хъусы!.. —
лæппу йæм бацыд æмæ йын Сырдон рахабар кодта. — Ацы дзул-
тæй иу æз æмæ дæу, иннæ та Урсдзых æмæ Урскъахæн. Раст у?..
Ныр мах нæ дзулыл бафидаудзыстæм, фæлæ уыдон та?.. Бæх
хизгæ кодта сæумæцъæхæй нырмæ æмæ æфсæст у, Фатакуй —
æххормаг. Цыппæрæм хай — Урскъахæн, иннæ та Фатакуйæн,
æццæй нæ, Фатакуй? — Куыдз дзулы тæфмæ сæ цуры алæууыд
æмæ йæ дымæг тилы. Бæх дæр сæм бараст хъазын æнхъæл. —
Раст дих у, зæгъы Урсдзых, æмæ сын ды сæ хæйттæ байуар!..
Бæхæн æй йæ дзыхмæ бахæсс, науæд хæрын нæ зоны, Урсдзы-
хæн æй аппар, нæ йын фесæфдзæн!..
Сидахъ дзулы карст къæбæргай бадардта Урскъахæн. Фата-
куй йæ хай айста, иуварс æрбадт зæххыл æмæ сабыргай хæры.
Сидахъитæ дæр ахордтой, стæй лæппуйы йæ мадмæ ракодта Сыр-
дон. Ногæй бабаста Сырдон Сугъары зæнджы хæцъæф: ницы йын
у, хъæдгом йæхи сыгъдæг кæнын райдыдта. Йæ бон у, годжыкъæх-
тыл цæуа, стæй бæхыл дæр, фæлæ уал уæрдоны бадæд, уæд тагъд-
дæр адзæбæх уыдзæн.
— Балхон, ныр хъуамæ нæ хæсты тыххæй адзурæм дæ хала-
гъуды æмæ йæм годжыкъæхтыл бауай, æз ма Аминæты хъæдгом
бабæттон, стæй дæ феййафын. Радзур нын уым куыд уыди дæ
хæсты хабар.
— Мæхи къæхтыл дæр хорз бацæудзынæн, — йæхи ныфсджын
кæны Сугъар.
— Уый зонын, фæлæ хосгæнæг æз дæн — хъæдгом хъуамæ
тагъддæр байгас кæнон. Галтæн дæ ласын æнцон у æнхъæлыс?..
Ды мæ не ’ндавыс, галты мæт мæ ис, — тызмæгæй дзуры Сырдон
барæй.
— Ау, галы аргъ дæр нал дæн, Сырдон? — хъазæн ныхас айста
Сугъар.
— Гал нæ, йæ иу сины аргъ!.. Дæ хуызæттæ цыппарæй дæр
ацы уæрдон нæ афæраздзысты, уыдон та йæ ныр æртæ мæйы ла-
сынц. Уыдонæн аргъ нæй!..
— Уый дæр раст у, уæрдон нæ фæласин!.. — сразы Сугъар.
Сырдон Аминæты уæрдонмæ схызт. Салам загъта устытæн æмæ
стæй бафарста комкоммæ:
— Куыд у нæ уæйыг хæстон?..
526
— Йæхимæ мыстыйас нал зыны, — æнæбары бахудт Аминæт.
— Уæд цæмæн? Лæппутæ уый куы хæссынц дисæн: махæй,
дам, йæхи цирхъы размæ баппарын ничи бауæндыд, æрмæст уыцы
æрыгон хæстон!.. Стæй, дам, кæд уыди диссаджы рæсугъд! Иу
чызг дæр, дам, ын «нæ комын» нæ загътаид!..
— Сайгæ кæнынц, цæй рæсугъд дæн? Уæд мæ исчи нырмæ
агуырдтаид.
— Лæппуты хуыздæр дæ æрцагуырдта æмæ дын фаг у, фехъуыс-
тай?..
— Фехъуыстон, уæдæ цы зæгъай?..
— Цы зæгъинаг дæн, уый та ахæм у: иу сыгъдæг хæцъил мын
доны куы рафыциккат, уæд дын дæ хъæдгом ногæй бабæттин.
Чысыл фалдæр иу ус артыл хæринаг фыцы æмæ йæм Сидахъы
барвитæм, хæцъилтæ æрхуы къусы рафыца...
— Мæхæдæг бауайдзынæн, — фæцырд Сугъары ус æмæ цал-
дæр хæцъилы йемæ айста æрхуы къусимæ.
Иу-цасдæр фегуыппæг сты. Стæй Аминæт цæуылдæр фæхъуы-
дыйыл, йæ сæр Сырдонмæ разылдта, йæ цæстæнгас та йын куыд
уыиа, æмæ йæ фæрсы:
— Раст ма зæгъ, Сырдон, цæрæццаг ма дæн?
— Æз цас зонын, уымæй дæ.
— Цас нæ зоныс, уымæй та?
— Цы нæ зонын, уымæн та сфæлдисæг йæ дæсны.
— Уæдæ йæ æз зонын, Сырдон: æз цæрдтæй нал дæн... Цæфы
фале мæ артæн судзы, æмæ йæ уымæй зонын... Æддаг хъæдгом
сдзæбæх кæнис, хуылфы цы ис, уый та æрмæст не сфæлдисæг
зоны... Æмæ уый та мæн æмæ мæ хуызæттæм не ’вдæлы.
— Дæхи дæр æмæ мах дæр дзæгъæлы тæрсын кæныс, — быцæу
кæны Сырдон. — Хæстмæ цæуынæй куынæ тарстæ, уæд хъæдго-
мæй цæй тарст фæкодтай?..
— Мæхицæн нæ тæрсын, Сырдон, мæ сабийæн.
— Уæгъды йын тæрсыс. Уый æз æмæ дæуæй хъæбатырдæр у!..
— Афтæ дæм кæсы æцæг? — бацин кодта мады зæрдæ.
— Мæ мады рухс цæсгом ма фенон мæрдты, кæд раст нæ зæ-
гъын! — зæрдиагæй ныссомы кодта Сырдон. — Чи зоны, ахæм
лæппу нæртон уæзæгыл фыццаг хатт райгуырд...
Аминæт цæуылдæр ныхъхъуыды кодта, фæлæ йæ цæсгом рухс
уыд æмæ Сырдон бацин кодта: йæ катайæ фæхицæн!..
— Уæд уый дæ лæппу уыдзæн, Сырдон, дæуы йеддæмæ ахæм
саби никæмæй рацæудзæн нæртон фæсивæдæй. Ахæм дзы никæй
зонын, — худы Аминæт.
— Кæй у, уымæн фæрнæй байрæзæд! — раарфæ кодта Сырдон
527
æмæ фенкъард. — Мæнæн дæр уыди бæргæ, мæ фыццаг хъæбу-
лæй зæгъын, фæлæ йæ зылынкъах бирæгъ бахордта... Сидахъы
хуызæн куырдиаты хицау нæ уыд, фæлæ йæм æндæр хорз миниу-
джытæ уыди бæргæ...
— Мæ хъæбулы цинæй мын мæ зæрдæ барухс кодтай, Сыр-
дон... Ныр цæрыныл кæндзынæн мæ катай, мæлæтыл — нал... Дæ
хъæдгом дын кæй фæцагайдтон, уымæй та хатыр, барæй нæ уыд-
тæн, мæ судзаг мæрдтыстæн!..
— Дæлæ хæцъилтæ æрбахæссы не ’фсин æмæ дæ хъæдгом дæ-
уæн рисдзæн, фæлæ фидар лæуу!.. Бадзырдтам: ды фидар лæу-
уыс, æз хъæдгом дзæбæх кæнын... Низ иумæ абырсæм!..
Сугъары ус хæцъилтæ тæвдæй æрбадавта, ныхас ахицæн, Сыр-
дон хосгæнæг фестад, йæ куыст бæстон бакодта, стæй цæуыныл
схæцыд:
— Сугъар нæ йæ халагъудмæ æмбырд кæны, балхон уый у æмæ
мын æдзæугæ нæу, бахатыр мын кæнут, стæй сымахæн уæхи дзу-
ринæгтæ ис, мах та иууыл — хæст, цъыкк, æхст, хæфт, рæхуыст —
æндæр ницы зонæм... Нæ зæрдæ сæ сцъæх, фæлæ цы кæнæм?..
Ацыд Сырдон, Аминæтæн цыма фенцондæр йæ хъæдгомы ног
басты фæстæ. Йæ цæсгом фæцардхуыз æмæ цæуылдæр зæрдиаг
ныхасы бацыдысты Сугъары усимæ.
* * *
Мигъвæлмы цæрджытæ ацы бон æнцой уыдысты: сæ тасы бы-
натæй раивгъуыдтой, æмæ ныр цыма сæ дард фæндагыл нал дæр
знаг уыдзæн, нал дæр фыдбылыз, афтæ сæм касти. Алчи йæ хæ-
дзары æрвылбоны митæ кодта. Тынг нæ лæууыд сæ зæрдыл, Ар-
дагъуйы иунæг ингæн Хидыхъус кæй баззад, уый дæр. Зæронд
уæйыджы кæд исчи зæрдиагæй уарзта, уæд йæ цалдæр æмгары.
Кæстæртæ йæ æрмæст куырм лæгæй зыдтой æмæ сæм ницы дис-
саг каст, кæддæр цыдæр кæй уыд, уый. Лæппутæй цалдæр чысыл
цæфтæ фесты æмæ сæ уый нæ тыхсын кодта — куыдзы хæстау сыл
байгас уыдзысты!.. Сæ цæфтæй ма буц дæр уыдысты — хæстон
сгуыхты гакк! Хистæртæ та се ’мбырды иннæрдæм нымадтой...
* * *
Цыди-тылди дарддæр Сырдоны уæрдон урс бæлоны амынд
фæндагыл тыгъд быдыры, æдзæрæг бæстыл, иугьæдон æвæды.
Сырдон йæ æрвылбоны куыст кодта, хъæдгомгæс ныллæууыд се
’ппæтæн. Разынд ма лæппутæй ноджы цæфтæ дæсы бæрц æмæ
528
сыл Сырдон зылди, касти сын сæ хъæдгæмттæм, ныфсытæ сын
æвæрдта. Йæ цины сæр систы Урскъах æмæ Урсдзыхы хъæзты-
тæ. Зылди сæм, рæвдыдта сæ. Галтыл дæр фæцахуыр æмæ йын,
уарзон æмгæрттау, мæт æмæ цины сæр систы. Сидахъ ныр фыл-
дæр йæ мады фарсмæ бадт æмæ йæ Сырдон нæ хъыг дардта. Ны-
мадта: чи зоны, цас ма фæцæрдзæн Аминæт (фервæза, уый зын
зæгьæн у), æмæ йæ хъæбулмæ кæсынæй уæддæр бафсæда... Мæ
сæрыл йæхи байсæфта æмæ цы кæнон?... Мæнæ зæронд хус бæ-
лас, мæныл сыфтæр кæй никуыуал рахæцдзæн, уый нæ базыдта,
афтæмæй мæ, æвæццæгæн, йæхицæн исты ныфсытæ æвæрдта...
Сылгоймаджы мæгуыр зæрдæ... Æз та, хуырым лæг, ницы бам-
бæрстон... Сидахъыл, мæхи хъæбулау, узæлыдтæн æмæ чи зоны
уый дæр æндæрырдæм айста... Æниу нæ сылыстæгæй уымæй хуыз-
дæр иикуы федтон...
Цыди-тылди Сырдоны уæрдон каруаны разæй æмæ раздзог
ницæмæйуал тарст, бауырныдта йæ — æвыдæй, æнцад-æнцойæ
мыттулдзæн Уастырджийы амынд бæстæм æмæ уым исты царды
фæндтæ кæндзæни... Æрмæст ма нымадта бонтæ, тыхсти, уыдон
æгæр сабыр кæй цæуынц, йæ цыппæрдзæлхыг уæрдонау, ууыл.
Фæлæ мæнæ æртыккаг райсом, Аминæты хъæдгомы баст раивын-
мæ куы бацыд, уæд ын Сугъары ус афтæ бакодта: «Сырдон, доны
хуыпп нал и æмæ ма хæцъилтæ цæм рафыцæм?.. Сыхæгтæм дæр
нал и, сабитæ дойныйæ тыхсын райдыдтой æмæ куыд уæм?..»
Æмæ стыхсти Сырдон: ай бынтон æдылы куы дæн!.. Раздзог!..
Каруаны сæр уæрдоныл сбад æмæ арало кæн, дæ галты уисæй
хынц, æндæр дзы ницы хъæуы?.. Раздзог!..
Сырдон анымадта, Сугъары ус ын цы нæ загъта, уыдон дæр —
хæринаг нал фыцынц, дзултæ нал кæнынц, сæхи нал æхсынц —
дон нæй!.. Фæтарст — ног фыдбылызы бахаудтам!.. Куыд рацыд-
тæн æдзæрæг быдырмæ доны цурæй æнæ дон?.. Науæд иннæ хис-
тæртæй иу цæуылнæ ахъуыды кодта ацы хуымæтæджы хъуыдда-
гыл?.. Буц стæм нæ дзыллæ, нæ кæстæртæй? ... Ай-гъай, нæхи-
цæй дæр!.. Гъе æмæ буц ут, фæлæ ма дзы дон нуазын дæр хъæуы,
сабитæ уæ буц ныхæстæ нæ баназдзысты!.. Уый Алафарнимæ бы-
цæу кæны Сырдон, фæлæ йæ зоны: фыццаг йæхи аххос у, Ала-
фарн дæр уымæ фæкæсы зын хъуыддаджы...
Абон ма кæцæй æрхæсдзыстæм дон, фæлæ афæлгæсын хъæуы:
ау, æввахс æппын никуы ис иу цæугæдон кæнæ иу цад? Хъуамæ
исты уа, науæд сабитæ цы кæндзысты, иннæтæ дæр кæдмæ быхс-
дзысты?..
Адæм куы ’рфынæй сты, уæд Сырдон рацыд Мигъвæлмы кæ-
ронмæ æмæ та уари фестад, зилахаргæнгæ сфардæг арвмæ æмæ
34 Сырдоны цæссыгтæ
529
уырдыгæй афæлгæсыд. Дард ранæй, райсомы тæнæг мигъы кæ-
рон зынди цыдæр æрттиваг уадздзаг æмæ Сырдон ахъуыды кодта:
цæугæдон уыдзæн, фæлæ йæм æввахс батæхын хъæуы. Ам фæ-
сайды æнцон у, адæмæн мæн та бæлвырд хабар зæгъын хъæуы,
науæд мæ фыдæнхъæл куы фæуой, уæд ма цы кæндзынæн?..
Дзæвгар фæтахт, цалынмæ доны уылæнтæ йæхи цæстæй нæ
раиртæста, уæдмæ нæ раздæхт. Тæнæг, рæсуг æмæ, æвæццæгæн,
уазал зымæгон дон нарæг бынæтты куыд уылæнтæ кодта, уый куы
федта, уæд йæ катай æрнымæг: нæ фесæфдзыстæм, Уастырджи
нæ фарс у! Уыдзæн дон!.. Уыдзæн, ис, фæлæ йæм кæд фæхæццæ
уыдзыстæм? Уæрдæттæн уырдæм дыууæ боны цыд у æмæ уæдмæ
нæ бафæраздзысты сабитæ... Тæргæ бæхыл лæг сæумæцъæхæй
куы араст уаид, уæд талынгтæм хъуамæ æрбаздæхид... Фæлæ абон
ницыуал рауайдзæн уымæй, æмæ ма, ахсæв куы бафæразиккой,
уæд сом мæхæдæг ауаин лæппутимæ æмæ сихорафонмæ фæстæмæ
фездæхиккам... Иннæ æхсæв та доны былмæ ныттуликкам, стæй
уæд нуазæнт, мырæджы нуæзт кæнæнт!
Фæссихор, адæм куы аулæфыдысты, сабитæ куы райхъал сты
æмæ «дойны мын у, гыцци!» — æрдиаг куы райдыдтой, уæд Сыр-
дон дæр бахæццæ Мигъвæлмы кæронмæ æмæ йæхи хуызы, зæ-
ронд лæджы цыдæй бараст Сугъары халагъудмæ. Хистæртæ уым
мардæрцыды бадт кодтой. Сырдонæн æнкъардæй салам загътой
æмæ та ныхъхъус сты.... Зыдтой сæ азым хистæртæ æмæ ницы
дзырдтой, кæрæдзимæ уайсадæгау. Сырдон дæр сын хатыд сæ
къæмдзæстыг æмæ иуцъусдцуг фæбадт сæ цуры мадзурайæ, стæй
сын афтæ бакодта:
— Цæй, нæхи ма хæрдзыстæм фæсмонæй — дон цæуылнæ ра-
хастам, ласгæ нæ куы кодта! — уымæй ныл ницы хæрзиуæг æрцæу-
дзæн... Ахсæв ма хъуамæ бафæразæм, стæй сом сихормæ дон уы-
дзæн, сабиты фаг... Иннæбон та доны был балæудзыстæм æмæ нæ
ферох уыдзæн сабиты кæуын...
— Афтæ бæстæтты йæ цæмæй зоныс? — фæдызæрдыг Алафарн.
— Зонын æй, Ала, зонын, ме уоны кæсын æмæ йæ федтон...
Æви дын искуы сайæн ныхас загътон?..
— Сайыны тыххæй нæ зæгъын, фæлæ...
— Фæлæ дæ мæ ныхас нæ уырны... Уæд афтæ бакæнæм: кæд
иннæбон сихормæ дон нæ уа сабитæн, уæд мæ сындзын арты ба-
судзут... Нæ фыдæлтæ развæлгъау дзурджытæн афтæ кодтой: дæ
ныхас мæнг разынд, — судзгæ сындзын арты!..
, — Куы дæ сфизонæг кæнæм, уæд сабитæн сæ дойны басæт-
дзæн?..
— Басæтдзæн, хистæртæн та сæ маст ссæудзæн, — Сырдон бам-
530
бæрста, Алафарн йæ миднымæр худын райдыдта, фæныфсджын,
фæлæ ма йæ фæлваргæ кæны.
— Гъе, æмæ уæд разы! Сындзытыл фыццаг арт чи бафтаудзæн,
уый - мæхæдæг!
— Кæд Ала сразы, уæд уе ’ппæт дæр сындзы куыристæ сцæттæ
кæнут, уым уын æз цумайæн не сбæздзынæн... Ныр та афтæ 6а-
кæиæм: нозты мыггагæй ма кæд искæмæ исты ис, æхсыр, сылы,
мпсын сабитæн æй бадарут... Ахсæв фынæй кæндзысты æмæ кæд
нæ кæуиккой. Сом сæумæцъæхæй æз цæуын лæппутимæ, æрмæст
нын лалымтæ фенут, дæумæ хъуамæ уа, Фæрныг, и?.. Мах тæргæ
бæхтыл ауайдзыстæм æмæ фæссихор уæрдæтты цур уыдзыстæм,
сабитæн дон бадардзыстæм... Уый нæй, уæд — Сырдоны сæр сын-
дзыты!оСудзгæ!..
— Йед у... Лалымтæ мæм нæй, фæлæ къæпыйы гæбæттæ не
сбæззиккой? Уыдонæй мæм иу аст ис, — фæрсы Фæрныг.
— Хуыздæр ма цы вæййы, уæдæ, Фæрныг! — сцин кодта Сыр-
дон. — Нæ хæрзгæнæг та разындтæ Бурæфæрныг æмæ дын ацы
хатт мæ нуазæн хъуамæ авæрон, æцæг, донæй нæ: бæгæныйæн —
ие ’нхъызтæй, физонæгæн т йæ бурæй, хæбизджынæн — йæ дзадж-
джынæй, арфæтæн — сæ уаздæртæй!..
— Бæргæ, исты дæ куы рантысид, фæлæ рагæй чъынды дæ! —
йæхи бамæгуыргъуыз кодта Фæрныг.
— Нал дæн, абонæй фæстæмæ нал дæн, Фæрныг! Фæлæ ныр
сабитæм ацæут, адæмыл азилут æмæ фæбыхсой сом сихорафон-
мæ. Хуыздæр хос дзы нæй...
Сырдон йæхæдæг рацыд сæ разæй æмæ йæ уæрдоны гуыф-
фæйы ныххуыссыд, йе ’хсæвы æгъуыссæг æмæ йыл йæ боны ра-
тæх-батæх æртæфстысты, уайтагъд афынæй. Фыны фыццаг хатт
федта Уазайы къуыпп, Арпаданы уылæнтæ, хъæдрæбын йæ уисæй
быд къæс æмæ стæй йæ сабиты ингæн Кæрдойы æрдузы... Ингæ-
ны алыварс дыргътæ зад æмæ рæгъæд кæрдотæ, фæткъуытæ, æх-
сынцъытæ... Сырдоны комыдæттæ сæм мызтысты... Тæхуды, адо-
нæй дæ сабиты бафсад! — бæллыд фыныгъдауæй Сырдон, фæлæ
фыны йæ зæрдыл æрлæууыд — нал ын ис сабитæ! — æмæ нын-
къард, нырхæндæг... Йæ цæстытæ донæй айдзаг сты æмæ цæуыл-
дæр фæкалд, фæндаг æм нал зынд æмæ фæкалд... Стæй фехъал...
«Уый та циу, дæ хорзæхæй?.. Ацы æртæ мæйы фын куы никуы
федтон, ме ’дзард сабитæ дæр мæ айрох сты, уæд уый цы уа?..
Уаза, Арпадан, Кæрдоджын æрдуз, рæгъæд дыргътæ, «дæ сабиты
дзы бафсад!..» «Мæнæн сабитæ нал и!.. Куыд нал и, уæдæ атæп-
пæт дойны сабитæ цы сты?.. Фæлæ сæ чи фæхæсдзæн Кæрдо-
джын æрдузмæ? — бахъынцъым кодта Сырдоны зæрдæ æмæ уыцы
531
уысм йæ хъуыдыйы февзæрд — мемæ дзы хæссинаг куы уыдтæн
хъуырæутты, æцæг сæ уый фæстæ акалдтон, галтæн уæззау сты,
бынат дæр бирæ ахсынц, фæлæ ма дзы, чи зоны, аззад?.. Фарийы
фæндыд: немæ дзы айсæм — фæндагыл нæм иннæтæ курæг цæуой!..
Фестад Сырдон æмæ уæрдоны къуымтæ асгæрста... Æрæджиау
ссардта иу стыр чыргъæд йæтæккæ дзагæй, зыгуымæй æмбæрзтæй...
Фарийы æвæрд!.. Замманайы чызг æмæ йæм мæ хъус нал æрдард-
тон, афтæмæй йын фыды бæсты дæн!.. Куыдз дын дæ кæрдзын ба-
хæрæд, Сырдон, кæд ды лæг нæ дæ!.. Сырдон йæхимæ зæрдиагæй
хæцы, фæлæ йæ зæрдæ цины æвдылы — ацы фæткъуытæй сабиты
фæйнæ куы фæуа, уæд сæ дойны чысыл айрох уыдзæн!.. Цæй ныр
изæр у, райсом сын сæ байуардзынæн, донмæ куы цæуон, уæд!..
Æрталынг æмæ цæугæ у, донмæ хæстæгдæр уыдзыстæм...
Сырдон йæ тæскъ æрæмбæрзта уæйлаг нымæтæй, цыма йын
адавынæй тарсти æмæ уæрдонæй æрхызт, йæ галты ифтындзын-
мæ фæци: фæндагыл кæд сæ дойны дæр айрох кæниккой... Урс
бæлон дæр ын цыма йæ хъуыды бамбæрста: ацы хатт цыма æм-
гъуыдæй раздæр стахт, афтæ фæкаст Сырдонмæ æмæ райгондæй
араст уый амынд фæндагыл.
Бон куы ’рбацъæх, уæд баурæдта Сырдон йæ уæрдон, суагъта
галты, æмæ ма йæм цы дзул уыд, уый айуæрста бæх æмæ куы-
дзыл, йæхицæн дзы æрмæст иу къæбæр фæуагъта — фæндагыл æй
ахæрдзынæн! — æмæ йæ тæскъ æриста уæрдонæй.
Адæм æхсæвиуатмæ сæхи цæттæ кодтой æнкъард æмæ фæлла-
дæй. Сырдон сын зыдта сæ катайы сæр æмæ сæм ницы дзырдта,
«дæ райсом хорз» дæр никæмæ бадзырдта, æрмæст иу уæрдоны
цур ауыдта дыууæ чысыл чызджы æмæ сын сæ мадмæ фæсидт:
«Хорз ус, ацы сабитæ дæу сты?» «Хуыцау мын ацы дыууæ хæры-
ны уæнгæлы радта æмæ уыдон дæр дойныйæ мæлынц...» — æр-
хæндæг æмæ катайгæнгæ ранымадта сылгоймаг.
— Дойныйæ, зæгъыс?.. Уыдзæн дон. Сихормæ, куы райхъал
уой, уæд уыдзæн дон дæр, фæлæ уал сын мæнæ ацы дыууæ фæт-
къуыйы радт æмæ чысыл сæ дойны фæсæтта, — Сырдон дыууæ
фæткъуыйы систа æмæ сæ усы армы авæрдта.
— Фæткъуытæ? — джихæй аззад ус. — Ацы тыгъд быдыры?..
— О, фæткъуытæ, мæ хур, фæлæ цу æмæ иннæ устытæн дæр
зæгъ: Сырдон халагъуды раз хæрз чысыл сабитæн уары фæткъуы-
тæ, æрмæст — фæйнæ! Стæй сабийæн йæ къухмæ! Цу дæ хорзæ-
хæй, æндæра мæн не ’вдæлы, уыцы хорзы мын бацу...
— Уый дын — мæ быгъдуан! Дæ лæварæй та — Хуыцауы буз-
ныг! — фæзылд ус æмæ Сырдон араст халагъуды цурмæ. Уайтагъд
йæ фæдыл ныххал сты устытæ сабитимæ æмæ Сырдон ахъуыды
532
кодта: иу-цыппар дзы мæ дзыппы фæуадзон, æндæра Сидахъы
къухы цы авæрдзынæн, уый йæхæдæг ардæм нæ рацæудзæн йæ
мады цурæй... Сырдон, æцæг, бæрцæй цыппар фæткъуыйы авæрдта
иæ уæлæфтауы дзыппы æмæ æрлæууыд халагъуды раз.
— Фæткъуытæ! Фæткъуытæ! Сырдон фæткъуытæ уары гыц-
цыл сывæллæттæн! — хъæргæнгæ згъордтой сæ уæрдæттæм, хай
кæй фæци, уыцы сабитæ. Се ’ппæты фаг не суыдзысты, уый ба-
зыдта Сырдон, уæд ма æрмæст хæрз чысылтæн лæвæрдта йæ
фæткъуытæй, иннæты фаудта «Ды усгур лæппу» æмæ «чындздзон
чызгæй».
Æрæджийау ма йæм бацыдысты дыууæ усы, сæ сабитæ сæ хъæ-
бысы, афтæмæй. Сырдон ацагуырдта къухæй тæсчъы бын зыгуы-
мы мурты æмæ ма дзы разынд æртæ фæткъуыйы.
— Фæйнæ — сабитæн, иу та дзы раттут, ахæм чысылтæй ма
кæй нæ фæци, уымæн. Мæн не ’вдæлы æмæ цæуын, — Сырдон
æрфæлдæхта тæскъ, æрцагъта йын йæ зыгуымы муртæ æмæ араст
Сидахъы уынынмæ.
— Куыд нæ ферох кодтай, Сырдон, ацал-ауал боны? — уай-
дзæф кæны Аминæт æмæ йæ мидбылты бахудын фæлвары, фæлæ
Сырдон уыны, куыд зын ын у йæ рис уромын. Йæ удыл дæндагæй
ныххæцыд Сырдон æмæ архайы йæхи хъæлдзæг дарыныл.
— Дон нæ уыд æмæ ууыл тыхстæн, æнæуи хъæдгом райхал
æмæ бабæтт, уый ницы ахъаз у...
— Хъæдгом дæр цæуылнæ, фæлæ дæм мæнæ Сидахъы цæсты-
тæ ныуурс сты, — иннæрдæм здахы ныхас Аминæт.
— Зонын æй, мæхи цæстытæ цъæх ныйисты, фæлæ, зæгъын,
мæ армыдзыхъхъы йын уæддæр искуы ссарон доны цъыртт...
Æццæй, фæхъыг мæм дæ, нæртон лæг? Ма мыл худæд дæ зæрдæ,
сихормæ ма фæбыхс, стæй уыдзæн дон, мæ цæст æрттивгæйæ
уыдзæн!..
— Дон, — йæ комы къултæ ныххус сты лæппуйæн æмæ йын
дзурын зын у, — хъæуы, фæлæ Сырдон æнæдонæй дæр бæззы...
— Ма тæрс, мæ лæппу, дæхи Ардагъуйау уæйыгхор куы хуыд-
тай, уæд ма сихормæ нæ бафæраздзынæ?..
— Бафæраздзынæн, — тыхамæлттæй сдзырдта лæппу æмæ
Сырдоны зæрдæ йæ тæригъæдæй ныдздзынæзта.
— Дзурын дын зын у, фæлæ ма тæрс, — йæ хъæбысмæ йæ систа
Сырдон. — Ныртæккæ дын фæткъуы ратдзынæн, ахæмц дзы кæн
æмæ та раздæрау дзурай.
— Гыццийæн та? — курæджы каст бакодта Сидахъ Сырдоны
цæстытæм, фæткъуы йæ дыууæ армы куы ауыдта, уæд.
— Гыццийæн дæр ратдзыстæм. Уый саби нал у, фæлæ рынчын
533
у æмæ йæм æмбæлы... — дыккаг фæткъуы йæм куы радта, уæд
Сидахъ йæхионæй иу къæмс акодта, æууилы йæ æмæ йын йæ дон
цъиры. — Сугъар дæр рынчын кæм у, уым æм æмбæлы, — Сырдон
иу фæткъуы та Сугъары усмæ радта. — Ныр ма дзы иу фæткъуы
ис æмæ уый та мæнмæ æмбæлы. Фæлæ йæ æз дæттын Сидахъ-
нæртон лæгæн!.. Æмæ хорзæй баззайут, æз цæуын донхæссæг.
Фæссихор-иу мæ размæ рацу Фатакуимæ — доны фыццаг дæу
фæуа, иу чысыл къопп дæр-иу демæ рахæсс. Ныр та ды гыццимæ
кæс, æз — донмæ!..
Сырдон нал байхъуыста устыты арфæтæм, фездæхт йæ уæр-
донмæ. Уым ын дыууæ гæбæты стыр хордзенты æвæрдæй цæттæ,
Урскъах ифтыгъд, лæппутæ та ныр хъуамæ халагъуды цур уой...
Æххæст Урскъахы балцы дæр бафæлварон...
Сырдон халагъуды цур барджыты анымадта — ссæдз! — фаг
уыдзысты сывæллæттæн дыууæ æмæ дыууиссæдз гæбæты, иннæ-
тæ ма иу æхсæв бафæразæнт, цы сын мæ бон у?.. Абадт Урскъа-
хыл æмæ уый йæ бынатæй асимдта. «Хорз ахуыр у, хъуамæ фæлла-
йаг дæр ма уа...» — бацин кодта Сырдон æмæ размæ фæцагайдта.
Тагъд уадысты, фæлæ сæ дугъ кæнын Сырдон нæ уагъта: фæстæ-
мæ куы раздæхæм, уæд афæлвардзыстæм, ныр уал бæхтæ фæцалх
уой цæуыныл, дард ауайын хъæуы æмæ тæригъæд сты. Бон хъарм
уыдис. Зымæг уалдзæгмæ фæкъул æмæ хур дзæбæх тавын рай-
дыдта, фæлæ æнтæф нæ уыд æмæ бæхтæ рог цыд кодтой, бар-
джытæ дæр Сырдоны хъæлдзæг ныхасмæ нæ фæлмæцыдысты. Ра-
гæй йын хъуыстой йæ цыргъ æвзаджы кой, фæлæ йæм хъусгæ
фыццаг хатт кодтой æмæ сæ фæндагæй разы уыдысты — кæд ма
сæ фæуыдзæн йемæ балцы цæуыны бон афтæ æмудæй!..
Дон куы суыдтой, уæд лæппутæ æз-фæраздæронæй сæхи ап-
пæрстой доны былмæ. Бæхты хынцмæ Урскъах дæр нал фæлæу-
уыд æмæ йæ идон аивæзта, йæ разæй никæй ауагъта. «Раздзоджы
бæх уыд æнæмæнг. Фæстейæ аззайын æм æгад кæсы» — хъуыды
кæны Сырдон æмæ бæхы бæрзæй йæ армытъæпæнæй рæвдауы,
ома ма тагъд кæн, хъуыды дæр сæ ма кæн. Урскъах æрсабыр æмæ
æнцад бацыд доны былмæ. Сырдон æргæпп кодта, йæ фæдыл æй
аласта æппæты уæлемæ æмæ уым бæхæн йæ армыдзæгтæй дон
бадардта, стæй гæбæттæ ранхъæвзта æмæ сæ байдзаг кодта, сæ
кæмттæ сын фидар бабаста, хордзенты сæ нытътЬыста æмæ йе
’мбæлттæм адзырдта:
— Рæвдздæр лæппутæ, хъазынмæ нæ не ’вдæлы. Донæн йæ
сыгьдæг равзарут, гæбæттæ фидар бабæттут, афтидæй сæ куыннæ
ныххæссат, æмæ — фæстæмæ уайгæ!..
Ныр Сырдон Урскъахы йæхи бар ауагта æмæ уый йæ фæд-
534
фæд кафгæ адардта Мигъвæлмы ’рдæм. Иннтæ дæр ныххал сты
йæ фæдыл. Иугæр æй не ’ййафынц, уæд Урскъах дæр нал тагъд
кодта, иугъæдон цыдыл ныллæууыд. Æрмæст МГигъвæлммæ куы
баввахс сты, уæд Сырдон гæбæттæ йæ размæ æрбайста æмæ бæх-
мæ бадзырдта: «Ныр уайгæ, Урскъах!» Бæх барæджы уæрджыты
æлхъывдæй базыдта йæ фæндон æмæ размæ фесхуыста, дæргъæл-
вæс дугъ райдыдта æмæ цæсты ныкъуылдмæ Мигъвæлмы кæрон
балæууыд. Сырдон æй уым æрсабыр кодта æмæ йæ уæрдоны цур
æрхызт... Сидахъ æмæ Фатакуй сæ размæ рауадысты. «Дон» —
хъуамæ фæхъæр кодтаид Сидахъ, фæлæ фефсæрмы æмæ ницы
сдзырдта, æрмæст Урскъахы мукъуйыл ныттыхст æмæ йын иу
къæбæр йæ дзыхы акодта. Сырдоны зæрдыл æрбалæууыд, райсом
йæ хай уый дæр Урскъахæн дæттинаг кæй уыд фæндагыл. Зыбы-
ты рох мæ фæци! — бахъынцъым кодта Сырдон, систа йæ дзулы
хай, дыууæ састы йæ акодта æмæ дзы иу Фатакуйы фæци, иннæ —
Урскъахы.
— Сидахъ, дæ къопп райс æмæ Урскъахы халагъуды цурмæ
ласгæ!
Цæуынц Сидахъ, Сырдон, Урскъах ’мæ Урсдзых. Нал тагъд
кæнынц: ис дон! Алафарн æмæ Армимаз уым рагæй æнхъæлмæ
кæсынц æмæ сæ куы суыдтой, уæд сæм худæнбылæй ракастысты
— Сырдон афтидæй не ’рбаздæхтаид, йæ гæбæттæ тыппыр сты!..
Сабиты æрдиагæй фервæзтыстæм!..
Мигъвæлмыл уайтагъ айхъуыст — Сырдон ныр та дон уары —
æрмæст гыццылтæн! — къоппы дзаг!.. Устытæй ничиуал рацыд,
сабитæ сæхæдæг скъæфтой сæ къоппытæ æмæ сын Сырдон рад
ацарæзта.
— Ам хæлæфæй нæу, мæ хуртæ, хæлæфæй — сом, абон — фæй-
нæ къоппы!.. Мæнæ уе ’ппæты разæй Сидахъ æрбацыд æмæ фыц-
цаг рад — уымæн, йе ’мбæлæггаг та — фæстæдæр.
Сидахъ ахаста йæ къопп, аназын æй фæндыд, фæлæ адæмæй
фефсæрмы, стæй ахъуыды кодта: фыццаг дзы гыццийæн бадар-
дзынæн, уый Урскъахы хаст у!.. Ме ’фсургъы хаст, гыцци йæ
нæма федта, æндæра цин кæнид уый дæр!..
Сырдоны фæдыл иугай-дыгай цыдысты иннæ барджытæ дæр
æмæ сабитæ ноджы арæхдæр згъордтой халагъудмæ: «Дон! æри-
ра, дон!» — зарын систой дыууæ лæппуйы, сæ къухтæ кæрæдзи
уæхсчытыл ауагътой, афтæмæй.
Дон, рира, дон,
Байуæрста Сырдон! — бафæзмыд^а сæ чидæр хæстон лæппу-
тæй æмæ уыдон дæр бахудтысты, стæй афтæ райдыдтой зарын.
Сырдон ма йæ гæбæтты къуымты фæуагъта дыууæ армыдзаджы —
535
Фатакуй тæригъæд у!.. Стæй бадзырдта Алафарнмæ: уыдон ныр-
мæ афтæ лæууыдысты æмæ кастысты сабиты цинмæ, сæ мидбыл-
ты худгæ.
— Цæй, куыд у, истæмæй ма мыл худы уæ зæрдæ?..
— Нæй, хорз Гæтæджы фырт, нæй! — худы æмæ дзуры Ала-
фарн. — Сындзын артыл дон ауагътай æмæ фæци! Кæй фæдызæр-
дыг дæн, уый тыххæй мын хатыр...
— Уый бæсты цæуæм уæхимæ æмæ мын мæ хъуыры иу къæ-
бæр ауадз. Цы дзул ма мæм уыд, уый мæнæ Урскъахæн бадард-
тон, — йæ сæрæй ацамыдта бæхмæ, — науæд бастадаид æмæ къа-
хæй цæуинаг фæуыдаин...
— Цом, мæ хур, цом, мæнæ Армимазы дæр айсæм немæ. Ныр
райсоммæ æнæдонæй дæр бафæраздзыстæм, стæй сабитæй ронг ничи
бакуымдта, бæгæны, æцæг, ацъырдтой, фæлæ ма дзы ронг ис...
— Уый та бынтон фæрныг лæджы ми!.. Ныртæккæ уæм зæн-
дзынæн, мæ гæбæттæ афснайон, — Сырдон ракодта йæ куыдз æмæ
йæ бæхы, уæрдоны цур аивæй гæбæтты дон æрлæдæрста иу зæ-
ронд къусмæ æмæ йæ Фатакуймæ бадардта. Уый фыццаг Сырдон-
мæ бакаст, ома мæн у æви мæ сайгæ кæныс, стæй йæ асыллыппы-
тæ кодта æмæ ма йæ былтæ дæр асдæрдта, ома — мæнæй бæркад!..
Сырдон бæхы саргъ систа, йæ хид рагъыл ын йæ зæронд ны-
мæт бамбæрзта æмæ стæй йе ’мгæрттæм рацыд. Кæцæйдæр ма йæ
хъустыл ауад сабиты ног зарæг
Уой, уæрира — дон
Байуæрста Сырдон!.. —
æмæ йæ миднымæр бахудт — сабиты дзыхы дæр та бахаудтæн,
уыдон дæр мыл худынц!.. Уадз æмæ цин кæной, сабийы зарын
цалынмæ хъуыса нæртон уæзæгæй, уæдмæ нын сæфынæй тас нæу —
чынтæ нæ, зæдтæ-дауджытæ дæр нын ницы ракæндзысты!..
* * *
Изæры та Сырдон баифтыгъта йæ галты. Фатакуй æмæ Урс-
къах разæй араст сты. Ныр бæх йæ фæд-фæд æдæрсгæ цыд, та-
лынджы дæр хорз æвзæрста сæ боны фæд æмæ нæ рæдыд. Бæлон
дæр уыцырдæм тахт æмæ Сырдоны зæрдæ ради: райсом доны был
уыдзыстæм, адæм сæ дойны, сæ фæллад суадздзысты, сæхи ныхс-
дзысты, Аминæты хъæдгом дæр бæстон ссыгъдæг кæндзынæн...
Доны был кæрдæг фæцъæх, чи зоны дзы искуы дугъы сыф дæр
ссарон, чи зоны расыгъдæг кæна хъæдгом мидæгæй... Чи зоны,
фæлæ йæ рæсыд нæ бады, æмæ тæссаг у... Искуы бынатмæ уæд-
536
дæр куы ныххауиккам, уым, чи зоны, ссарин хосгæрдæджытæ,
фæлæ кæцæй, — ахсæвæй ма иу къуыри хъæуы...
Гæзæмæ æрбарухс, афтæ Сырдоны хъустæ æрцахстой доны
хæл-хæл... Æрхæццæ стæм!.. Дон кæм ныккодтон гæбæтты, уым
бауромдзынæн, — сфæнд кодта Сырдон, фæлæ йæ нысан бынатмæ
куы бахæццæ, уæд бæлон йæ сæрты æрзылд æмæ фаллаг фарсмæ
апæррæст кодта. Сырдон галты æрурæдта æмæ кæсынмæ фæци,
цы фæуыдзæн бæлон?.. Уый фæстæмæ фездæхт, йæ сæрты æр-
зылд æмæ та атахт фаллаг фарсмæ. Базыдта йæ бон Сырдон —
доны ахизын хъæуы! Стæй галтæ цы зонынц тæнджытæ æмæ æр-
фытæн. мæхи бахъæудзæн лæгæрдын уыцы уазал доны, фæлæ
кæмæн скæуон? Мæнæн бонæй бæрæг у тæнæгдæр ахизæн, иннæ-
тæ йæ нæ зонынц, æмæ цы нæ вæййы: дон куы скæла уæрдоны
хуылфмæ, уæд сæ муртæ фесæфдзысты... Цалх дурыл схæцын
дæр зоны, искæй донмæ ныххизын куы бахъæуа, куы ныррын-
чынтæ уой, уæд стæй семæ архай! Фæлтау мæхæдæг, уыдон дæр
мæ фæдыл тулдзысты æмæ æвыдæй ахиздзысты фаллаг фарсмæ.
Араст Сырдон галты разæй, ныххызт доны æмæ галты иууыл
тæнæгдæр рæтты акодта, иннæ уæрдæттæ дæр йæ фæдыл, къах-
дзæфæй къахдзæфмæ ныххал сты. Уæрдон скъæрджытæ, фистæ-
гæй цæуджытæ иууылдæр уæрдæттæм схызтысты æмæ галты сæхи
бар ауагътой. Галтæ ныр дзæбæх уыдтой сæ разæй цæуæг уæр-
дæтты æмæ уыцы иувæдыл ныррæгъ сты. Сырдон фæцыд быды-
ры, цалынмæ фæстаг уæрдон нæ рахызт донæй, стæй æрурæдта
æмæ, сæ фæтк куыд уыд, афтæ цыппæрвæлдахæй уромын рай-
дыдтой сæ уæрдæттæ адæм. Ам дзæбæх баулæфын хъæудзæн, —
аскъуыддзаг кодта Сырдон. — Дыууæ ’хсæвы æмæ сын æртæ боны
фаг сты сæхи бахуызæн кæнынæн... Стæй уæд дон-дон арастуыдзыс-
тæм, уалæ дардæй цы хъæдгæрон зыны, уырдæм... Æниу, чи зоны,
Уастырджимæ æндæр фæндтæ ис, фендзыстæм, баулæфæм уал...
Суагъта Сырдон йæ галты, бæх йæхæдæг хизыныл фæци, ам
кæрдæг дзæбæх рабын кодта æмæ дзы хизæн уыд. Галтæ, æцæг,
бафæлладысты æмæ уайтагъд сæхи æруагътой зæххыл. Фатакуй
дæр та сæ фарсмæ æрбынат кодта. Ныр сæрибар уыди Сырдон
дæр. Ныххуыссын хъæуы, фæлæ мæ къæхтæ суазал сты æмæ сыл
кæд артбандзарай, æндæр не стæфсдзысты... Нæй, хуысгæйæ нæу,
куы рарынчын уон, уæд хъуыддæгтæ ныддæлæ-уæлæ уыдзысты...
Лидзын хъæуы, куы рахид кæнин, уæд мын ницы уаид... фæлæ
уал Аминæты абæрæг кæнон, знон мæ зæрдæмæ нæ фæцыд...
Аминæты цур ацы хатт баййæфта Сугъары. Æвæццæгæн, ра-
дыгай æхсæвбадæн кæнынц йе ’фсинимæ! — ахъуыды кодта Сыр-
дон æмæ йæ цæсгом ныттар. Æргом та хъæлдзæгæй бадзырдта:
537
— Рынчынты райсом хорз! Иу ран кæй стут, уый мын хуыздæр
мæ къух аразы! Цæй куыдтæ стут?..
— Цы стæм? Тулæм, æвзæр авдæны тылд, фæлæ хæццæ никуы-
дæм кæнæм, — фæллад хъæлæсæй рахъаст кодта Аминæт æмæ
Сырдон базыдта: сфæлмæцыд тулгæ уæрдоны къуырдтытæй æмæ
хъыс-хъысæй уæззау рынчын!..
— Быхсæм, дæхи загьдау, æндæр цы кæнæм? — бафтыдта Ами-
нæты хъастыл Сугъар. — Мæнæн, æцæг, мæ къах фæфидар, æдæрс-
гæ цæуын ыл райдыдтон, къуылых дæр нæ фæдæн... Мæнæ ма
Аминæт дæр куы райдаид цæуын, уæд бынтон хорзыл нымаиккам
нæ фæндаджы тулæнтæ...
— Чысыл ма фæбыхсут, бирæ нæ нал хъæуы... Ам, доны был,
абон, ахсæв, сом, сомыхсæв æмæ иннæбон улæфгæ кæндзыстæм...
Зын дын у, Аминæт, уæрдоны гуыффæйы афтæ рынчынæй, фæлæ
дæхи фæфидар кæ, ацы бонты баулæф, дæхи хуры хъæрммæ ра-
хæссын кæн... Акæс, райдзаст дуне æмæ хъармы дæ рис дæр фæ-
сабыр уыдзæн, фынæй дæр хуыздæр бакæндзынæ... —Сидахъ, йæ
ахуыр куыд уыди, афтæ ныр дæр уæрдоны чъилæй йæхи Сырдо-
ны хъæбысмæ раппæрста, йæ хъуыры æрцауындзæг æмæ йын йæ
хъусы сабыр бадзырдта: «Гыцци дысон æппындæр нæ бафынæй!...» —
ныр уый ссадвæдыл дзырдта Сырдон хуыссæджы тыххæй. — Рын-
чынæн фынæй иууыл хуыздæр у, уæнгтæ фидар кæны... — зоны
Сырдон, уыдон ницы ныфсытæ сты æмæ ныхас фæивыны охыл
Сугъармæ фæци:
— Дæ хорзæхæй, балхон, иу зæронд кæрцы къæрид дæм никуы ис?
— Ис, цæуылнæ, фæлæ дæ цæмæн бахъуыд? — фæдисы Сугъар.
— Куыд цæмæн? Хосгæнæгæн кæрц — йæ хуыздæр хос!.. Æви
мын къайнывидар æнхъæлыс?.. Æз уазал доны ралæгæрстон иу
былæй иннæмæ, кæд, зæгъын, тæнджыты ацæуин æмæ уæрдæттæ
нæ ныххуылыдз уаиккой... Гъе, æмæ мидæмæ цы уазал фæци,
уый ныр æддæмæ расурын хъæуы. Дæ кæрцы, дугъон бæхау, куы
арауай-бауай кæнон, уæд уазал феддæдуар уыдзæн, æрмæст мын
кæрц радав æмæ мын Сидахъы мемæ рауадзут. Сидахъ, разы дæ?..
Гъе æмæ хорз! Кæрц мын, æз æмæ Сидахъ цæугæ кæнæм!..
Сугъар дæр уæрдонæй æрхызт. Аминæт цингъуызæй ракаст
Сырдонмæ — «Ай нын йæ уд нывонд кæны, мах та йын хъæсты-
тыл схæцыдыстæм!» — æмæ йæм радзырдта:
— Дæ фæдзæхстытæ дын æххæст кæндзыстæм, Сырдон, фæлæ
ма-иу нæ абæрæг кæн уæддæр. Афтæ фехъуыстон: хаттæй хатт,
дам, хосгæнæгæн йæ хосæй йæ ныхас хуыздæр æххуыс кæны...
— Уый, йедау фæу, — бахудти Сырдон æмæ рæвдаугæ бакаст
Аминæтмæ, — зондджын хосгæнæг куы уа, уæд мæнæй-ма! Фæлæ
538
мæн уæллаг нарт цæрæнбонты æдылыйæ тыдтой: цы мæ хос у, цы —
мæ ныхас!.. — цæугæ-цæуын фæци йæ ныхас Сырдон, Сугъары
кæрц йæ дæларм, афтæмæй.
Сидахъæн загъта, ды уал фынæй кæн, æз арадугъ-бадугъ кæ-
нон, стæй уæд дæ фарсмæ мæнæн дæр бынат. Сырдон Мигъвæл-
мы алыварс æртæ зылды куы æркодта, уæд йæ хид йæ фындзы
хъæлæй мызт. Адæм фынæй уыдысты æмæ йæ ничи федта, æндæ-
ра йæ æрра фенхъæлдтаиккой: кæрцы йæхи стыхта ацы хъармы
æмæ ноджы бæхдугътæ уадзы! Фæлæ Сырдон зыдта йæ хабар:
хид дзы рацыд, уæд афардæг йæ низ!.. Фæллад, æххормагæй
ныххуыссыд Сырдон æмæ уайтагъд афынæй Сидахъы фарсмæ —
уый дысоны æгъуыссæджы фæстæ ныр сымсымгæнгæ фынæй кодта
хъармы. Сырдон дæр йæ цуры батылд, йæ кæрц дæр йæ уæлæ
ныууагъта, ноджы нымæты стыгьта йæхи æмæ æвиппайды афынæй.
— Сырдон, уæ Сырдон!.. Æгæр цыма фынæй кæныс, ракæс-ма
æддæмæ! — хъæр æм кæны ныллæг хъæлæсæй Алафарн. Сырдон
фехъал дыккаг хъæрмæ:
— Цы кæныс, Алафарн, исты, мыййаг? — хуыссæгхъæлдзæгæй
фæрсы дзурæджы.
— Ницы, ницы, ма фæтæрс, сихор дын æрбахастон, зæгъын,
хъармæй исты куы аууилис...
— Цæуын дæм, рæтæнагъдыл уал абад, — радзырдта Сырдон
æмæ Сидахъы цæсгоммæ ныккаст. Уый дæр исты куы ахæрид,
фæлæ уал æй уадзон, дзæбæх фынæй кæны, уый кары та лæгæн
хуыссæг хæрдæй адджындæр у... Сырдон кæрцæй йæхи расæри-
бар кодта, хъуамæ сыста æмæ ахиза уæрдонæй, фæлæ йыл æмыр
худын фæцыд æмæ фæкаст фæстæмæ. Худы Сидахъ æмæ йæм
дзуры:
— Иунæгæй хæрынмæ хъавыдтæ Алафарны хуын, фæлæ æз та —
дæуæй хиндæр!
— Хиндæр нæ, гæдыдæр! —бараст æй кодта Сырдон. — Фæлæ
мыл дызæрдыг кæныс, уæд — уаргæ: иу хай — дæу, иннæ — мæн!..
— Разы! Æрмæст гыцци афтæ фæзæгъы: хистæр — уарæг, кæс-
тæр — хай исæг! Æз барæй гыццылдæр хай сисын æмæ уæд гыцци
фæзæгъы: Гъеныр сæ баивæм, дæ хай мæ зæрдæмæ тынгдæр фæ-
цыди!..
— Дæ гыцци раст лæг у, Сидахъ, — цыдæр æрхуымæй бакодта
Сырдон æмæ уæрдонæй æрхызт. Алафарнæн салам загъта æмæ
йын йæ хъуырау æмæ йæ хызын райста.
— Мæ фыдыстæн, Сырдон, ды æцæг де уоны кæсыс æмæ йæ
æз нæ зыдтон, — хиндзастæй кæсы Алафарн Сырдонмæ. — Сæу-
мæцъæхæй доны ацыфарсмæ куы лæгæрстай, уæд загътон — «æды-
539
лы у, æндæра кæдæм хизы, цы уæлдай у?! — ныр ма дзæбæх
айхъус, ницы хъæлæба дыл цæуы?..
— Донивылд! — сдзырдта Сырдон, æмыр гуыр-гуырæй базыдта
быдираг доны ивылд. Фыццаг фæтарст — мæнæ уым баззадыс-
тæм, уæд ма куыд рахызтаиккам, фыдæбоны та нæ хаудтам!..
— Базыдтай йæ! — ныр æргом худы Алафарн. — Хæхты кæм-
дæр уалдзыгон зæгь æруарыд æмæ æрсдон рацыд. Ныр афтæ ивылд
у æмæ дзы хæйрæг дæр нал рахизид...
— Уый мæ, æвæццæгæн, Уастырджи фæцарæзта, — басаст
Сырдон, — æндæра мæхи дæр нæ фæндыд уазал доны сæумæцъæ-
хæй лæгæрдын...
Алафарн бамбæрста, Сырдон уæрдæтты дзæбæх фæдыл ракæ-
ныны тыххæй кæй ныххызт донмæ, галтæ цæй фæндаг æвзарын
зонынц! — æмæ йын батæригъæд кодта, фæлæ ницы сдзырдта.
Сырдон Сидахъмæ фæкаст æмæ уый дæр рахизынæввонг лæууыд
уæрдонæй æрхизæны.
— Сидахъ-нæртон лæг! Цом мах дæр донивылд фенæм, нæхи
дзы гæдыйы æхсæдтытæ акæнæм, стæй Алафарны хуынæй фæ-
кайæм, æндæра — тæргай, æмæ нын никуыуал ницы æрбахæсдзæн!..
— Разы, Фæсхъæуккаг! — сцин кодта Сидахъ æмæ уæрдонæй
æрхызт.
Дон цыди ивылд æмæ змæстæй. Тъыфыл уылæнтæ кæрæдзи
бырстой æмæ сæрбихъуырæйттæ кодтой. Сæ нымæг, фæлæ тых-
джын уынæрæй быдыр байдзаг æмæ йæм Сырдон зæрдиагæй хъуыс-
та, цыма йæм зарæджы хъæлæс дзььрдта кæцæйдæр.
— Нуазынæн нал бæззы, — нæ фæцыд Сидахъы зæрдæмæ до-
нивылд.
— Бæззы, мæ лæппу, бæззы, — йæ армыдзыхъхъы йын йæ
мæллæг къух фелхъывта Сырдон. Къоппы йæ фæуадз чысыл æмæ
арæсуг уыдзæн. Донивылд хорз у, — уалдзæджы бæрæг, бæркад-
хæссæг!.. Ныр уыдзæн хур, хъарм, райдзаст!
— Æцæг? — нæ уырны Сидахъы.
— Æцæг, мæ лæппу, æцæг! — фидарæй дзуры Сырдон. Йæ
йымадæй а-къуыри фæуд кæны сæ балцы æмгъуыд æмæ ацы бæс-
тыл уыдзæн сæ цæрæн. Уалдзæг кæй ралæууыд, уый йын стыр
ныфс у: цард сифтонг уыдзæн исты амæлттæй ахæм ран! Хъуамæ
дзæбæх бæстæ уа хорзайæн, райдзаст, фадатджын...
Куы ’рталынг, уæд Сырдон йæ нымæт йæ уæхсджытыл бап-
пæрста, фыййауы лæдзæг райста æмæ араст карнауыл кæрæй кæ-
ронмæ. Федта хистæрты æмæ сын загъта: ахсæв æдзæугæ нæй,
зын уыдзæн, уæрдæттæ сыджыты ныхсдзысты, фæлæ уæ хъус
дарут... сабитæн сæ бынат — уæрдæтты! Кæд галтæ фæразой, уæд
540
сылгоймæгтæ дæр бадæнт, науæд — цæугæ фистæгæй!.. Куы раз-
дæхт, уæд йемæ ракодта Фарийы дæр, Сидахъы та йæ хъæбысы
рахаста. Аминæтæн бамбарын кодта, йæ уæрдон афтиды хуызæн
у æмæ лæппуйæн уым хъармдæр уыдзæн. Фари дæр йæ фыды
зæронд нымæт æрбауæлæфтау кодта æмæ рацыд. Уыдон дыууæйæ
дзæбæх æрбынат кодтой уæрдонæй рахизæны цур æмæ уарыны
æртæхы къуппытæм хъуыстой, сæхи дзуринæгтæ сын разынд æмæ
сыл Сырдон нал тыхст. Галты сифтыгъта æмæ цæуынмæ куы хъа-
выд, уæд ахъуыды кодта: Фатакуйы дæр ма сын бамбал кæнон,
тæригъæду...
— Мæнæ хорз адæм, — дзуры Фари æмæ Сидахъмæ, — кæд
аипп нæу, уæд ма иу уазæг бавæрут ацы уарыны... Мæнæ Фата-
куйы дæр уæ цурмæ фæнды...
Сидахъæн йæ зæрдæ хурварс абадт æмæ æваст фæсидт:
— Урсдзых, мæ цурмæ!.. — куыдз ыл рагæй ахуыр уыд æмæ
сгæпп кодта уæрдонмæ. Сидахъ уый дæр нымæты фæдджийæ
æрæмбæрзинаг уыд, фæлæ йын Сырдон афтæ:
— Æмбæрзын æй нæ хъæуы, уазал ын нæу, йæ кæрц хъуын-
джын у, фæлæ цъыфы сæпп-сæппæн тæригъæд у... Бадут, кæсут
нæм, мах та Къобор, Хъила æмæ æз, фæндаг акæнæм нæртон адæ-
мæн. Æууæндут ныл æви?
— Бар уын дæттæм, цæут! Кæд нæ фæбæззат, уæд уæ раивдзыс-
тæм! — хынджылæг кæны Сидахъ.
Сырдон ма чысыл афæстиат, стæй бæлоны куы ауыдта йæ сæр-
мæ, уæд галтæм рæвдаугæ сдзырдта: «Æйс, Къобор! Æйс Хъила!»
æмæ уæрдон феггуырст, стæй рогдæр тулын райдыдта уымæл
мæрыл.
Сырдоны галтæ тынг нæ фæлмæцыдысты, кæд сæфтæджытæ
джыджытæм ныхстысты мæры, цæлхытæ — уылынджы бæрц,
уæддæр. Иугъæдон цыд кодтой раздæрау, æрмæст сындæгдæр.
Сæ улæфтæй зыдта Сырдон — тынг фæллад не сты æмæ уый дæр
цыд, æрлæууынвæнд нæ кодта. Фариитæ раджы бафынæй сты,
æрмæст ма Фатакуй дзагъырдзæстæй каст талынг фæндагмæ æмæ
цæттæ уыд Сырдоны сидтмæ расæррæтт кæнынмæ. Æрдæгæхсæ-
вæй ахызт, афтæ Сырдонмæ æрбахæццæ уæлбæхæй Цорæ.
— Раздзог, уæрдæттæ цъыфы ныхсынц, галтæ нал фæразынц,
сæ хиды фæздæг кæлы æмæ цы кæнæм?..
Сырдон фæхъуыдыйыл: улæфæн нæй... æрдæгæхсæв, цъыфы,
уарыны!.. Уæрдæттæ ноджы афардæг уыдзысты цъыфы æмæ сæ
хæйрæг дæр нал сласдзæн...
— Цорæ, уæргътæ, уæргътæ сæвæрут бæхтыл!.. Зын у цъыфы,
фæлæ æрфистæг ут, бæхтыл уæргътæ сæвæрут. Алы уæрдонæй
541
дæр иу уаргъ! Кæд ма уæм бæхтæ уа, уæд ма ноджыдæр... Галтæн
фæрогдæр уыдзæн æмæ кæд цæуиккой. Ам нын æрлæууæн нæй...
Уæ бæхтыл — уæргътæ! Уæхæдæг дæр уæрдæтты цур уыдзыстут
æмæ — адæмæн ныфс. Зæгь барджытæн — æрфистæг уæнт, нæй
гæнæн, лæг бамбардзæн, фæлæ галæн цы зæгъдзынæ?.. Цу, зæгъ
сын. Уæргътæ уал цæугæ-цæуын бабæттæнт уæрдæтты æмæ сæ
æваст куыд авæрат бæхтыл, лæууæн нæй!..
Цорæ ацыд уайтагъд æмæ Сырдон ахъуыды кодта: Урскъахы
дæр сын раттин?.. Цæй, фаг сты иннæтæ дæр, бирæ бæхтæ сæм и,
стæй мæ уæрдонмæ дæр иу бæх æмбæлы æмæ йыл уаргъ не ’вæ-
рын!..
Цæуы Сырдон. Тулынц иннæ уæрдæттæ дæр йæ фæдыл, æцæг,
адæм хъæр-хъæлæба райдыдтой æмæ хъуысы фæстейæ «Æйс,
æйс!», «Размæ, Парна!», «Сæнтъух, Цъæхой!» æмæ Сырдон хаты:
уый лæппутæ уæрдæтты цур балæууыдысты, уæрдæтты хицæуттæ
дæр фæныфсджын сты æмæ сын фенцондæр... Ницы кæны, боны
æрбарухсмæ бафæраздзысты æмæ стæй баулæфдзыстæм! — нал
катай кæны Сырдон.
Цæст гæзæмæ æвзарын куы райдыдта, уæд Сырдон уыны,
цыдæр уæлвонгдæр бынатмæ æрбафтыди: мæр фæфидардæр, змис
къæхты бын уымæл хъыррыст кæны. Ноджыдæр ма ауад æмæ йæм
афтæ фæкаст, цыма ам зæхх сурдæр у, уæрдæттæ дзы нал ных-
сынц, уарын дæр цыма фæсабырдæр... Амæй хуыздæр æрулæ-
фæн бынат кæм ссардзынæн? — ахъуыды кодта Сырдон æмæ уыцы
фæндмæ йæ зæрдыл бæлон æрбалæууыд. Кæсы Сырдон æмæ бæ-
лон иу зылд æркодта, стæй йæхи зæхмæ ныллæг æруагъта. «Уро-
мын хъæуы!» — нал дызæрдыг кæны Сырдон æмæ ма цалдæр къах-
дзæфы акодта, стæй галтæм сдзырдта «О, о, Къобор!» æмæ галтæ
сæхæдæг æрлæууыдысты... Суагъта Сырдон йæ галты æмæ йæм
хъуысы фæстейæ: адæм хъæрæй дзурынц сæ галтæм, кæрæдзимæ,
уромынц уæрдæттæ æмæ стæй ныссабыр сты чырæтæ... Сырдон
бацыд йæ бæхмæ: кæд не суазал, йæ синты дон ын æрлæмæрста
æмæ йæм уазал нæ фæкаст. Уалдзыгон зæгъ, кæд уый бæрц уазал
нæ уаид... Нымæт ыл бамбæрзин, фæлæ уый æвзæр ахуыр у, сæр-
вæты куы ’рцæуа къæвда, уæд та цы кæндзæн?.. Нæ хъæуы...
Фари æмæ Сидахъ æмыр фынæй уыдысты æмæ Сырдон дæр
зæронд иымæты йæхи батыхта, йæ худ æмæ йæ нымæт та ауындзгæ
æркодта — кæд асур уаиккой.
Хур дзæбæх æрæндæвта уарыны фæстæ æмæ змисбын зæхх уай-
тагъд асур. Уæрдонгæстæ цин кодтой: ныр цæуын фенцондæр уы-
дзæн. Изæры та, æцæг, уарын райдыдта, фæлæ ныр ничиуал тарст
уарынæй: кæд цъыф уа, уæд та сæм барджытæ фæкæсдзысты!..
542
Дыууæ ’хсæвы ма фæцыдысты ноджы. Цъыф уый бæрц нал
уыд, фæлæ адæм дæр, галтæ дæр, стæй фос дæр сфæлмæцыдысты
æмæ иу сæумæраджы Сырдон йæ галты куы баурæдта, уæд иууыл-
дæр галты уадзынмæ фесты, стæй сæ уæрдæтты ныккалдысты
фырфæлладæй æмæ Мигъвæлмæй сыбыртт нал хъуыст. Æрмæст
Сырдон не схызт йæ уæрдонмæ, йæ хуыссæг дæр кæдæмдæр ахъуы-
зыд, йæ фæллад дæр цыдæр фæци æмæ иу ран, æрвдзæфау, лæу-
уыд, хъуыды кодта: цы кæна?..
Сырдон йæ галты куы ’рурæдта, уæд йæ цæстыл ауад: урс
бæлон фыццаг æрбадт кæрдæджы æмæ Сырдон йæ галты суагъта —
ам улæфгæ у!.. Фæлæ уалынмæ бæлон сыстад, спæр-пæр кодта
æмæ Сырдоны сæрты ’ртæ хатты æрзылд. Сырдон æм дзагъыр-
дзæстæй кæсы, уый куы базыдта, уæд ма ныллæджыты иу тахт
акодта йæ рæзты, стæй йæхи хæрдмæ фехста æмæ, уæларвмæ
цæуæгау, уæлдæр-уæлдæр йæхи иста, цалынмæ йæ Сырдоны цæст
æвзæрста, уæдмæ...
Сырдонæн йæ уæнгтæ æркалдысты фырцинæй: уæдæ нын ам
цæргæ у?.. Уæдæ фæци нæ хъизæмайраджы балц?.. Сæххæст Уас-
тырджийы фæндиаг?..
Лæууы æрвдзæфау Сырдон æмæ йæ цæссыгтæ сæхи бархъо-
мысæй лæдæрсынц йæ мæллæг æмæ фæлурс рустыл. Цины, фæл-
лады цæссыгтæ, хъизæмарæй ирвæзт лæджы цæссыгтæ... Йæ зæр-
дæйы рæбын, цыдæр æнахуыр арфы, ныр дæр ис катай, фæлæ йæ
зоны, уый æндæр сагъæс у, царды мæт, уымæй ирвæзæн нæй!..
Фæлæ йæ ныр æрдæг афæдз цы катай домдта, уый фæци, уыцы
фыдæвзарæны сæрты ахызт, абырста йæ, фæуæлахиз!.. Æмæ æна-
хуыр цин уылæнтæ кæны йæ туджы, рæвдауы йын йæ хъуыды,
хъыдзы йын кæны йæ зæрдæ, фæлæ йæ куыд раргом кæна, уый
нæ зоны Сырдон. Лæууы иу ран æрвдзæфау Мигъвæлмы кæрон,
Къобор æмæ Хъилайы цур, Урскъахы раз, Фатакуй йæ хæдфарс-
мæ, афтæмæй... Лæууы æрвдзæфау æмæ йæ цæссыгтæ йе ’вастæй
цæуынц, хъуызынц, лæдæрсынц йæ мæллæг рустыл...
Бирæ фæлæууыд афтæмæй Сырдон, фæлæ æрæджийау, йæ
зæрдæ куы ’рсабыр, йæ цæссыгтæ йын хъизæмарæй ирвæзты фæл-
лад æмæ цин семæ куы аластой, уæд йæ армытъæпæнтæ бæрзонд
фæхаста, скаст æвæджиауы сыгъдæг арвмæ æмæ схъæр кодта:
«Бузныг, Уастырджи!.. Абонæй фæстæмæ дæ кувæг, дæ фæдон
мæнæ æз — Нарты Сырдон, Гæтæджы фырт!»
Фервæзт Сырдон йæ сæццæ уавæрæй, йе ’муд æрцыд æмæ
уæд йæ къухтæ бадардта Урскъахмæ. Уый йæм æввахс æрбацыд
æмæ йын Сырдон, Сидахъау, йæ мукъуйыл ныттыхст, ныхъхъæ-
быс кодта æмæ йын йæ рустыл йæ цæссыгты дон асæрфта, стæй
543
æргуыбыр кодта Урсдзыхмæ: «Фатакуй, фервæзтыстæм! Æрхæц-
цæ стæм! Æмбарыс, куыдзы мыккаг?!» Фатакуй фырцинæй фес-
хъиудта, рагæй йæм нал сдзырдта ахæм хъæлæсæй йæ хицау, —
сгæппытæ кодта æмæ Сырдоны риуыл авæрдта йæ дзæмбытæ.
Сырдон æй æрбахъæбыс кодта æмæ ма йын иу хатт загъта: «Æр-
хæццæ стæм, Фатакуй, мауал тыхс, мауал тæрс!»
Дарддæр ма цы кæна, уый нæ зоны Сырдон. Афæнд кодта —
ныхъхъæр кæнон адæммæ, уадз æмæ цин кæной, фæлæ йæм тæ-
ригъæд фæкастысты фæллад адæм — баулæфой уал, стæй, сæ цин
цины хуызæн куыд уа, науæд мæнау кæуыныл фæуыдзысты, æн-
дæр цæй цин уыдзæн сæ зæрдæты æгъуыссæг æмæ фырфæлла-
дæй... Цы кæнон уæдæ?.. Дугъ, дугъ! — æвиппайды февзæрд йæ
сæры æмæ йæ нымæт, йæ худ феппæрста, йæ рон балфæста æмæ
фæхъæр кодта: «Фатакуй, Урскъах! Лидзгæ!»
Урскъахы иудзæвгар йæ фæдыл акодта йæ барцæй, ома мæ
фæдыл цу, стæй йæхæдæг лыгъд радта быдыры, хъæды ’рдæм.
Фæтæкуйæн цы ’мбарын хъуыд Сырдоны фæнд — уый дæр йæхи
аппæрста йæ тых йæ бонæй — нæ дæ ауадздзынæн разæй!.. Бæх
сæм иу чысыл акаст фæстейæ, сæпп-дугъæй цæугæ, фæлæ куы
адард сты, уæд æм хардзау æркаст, адон мæ фæстейæ уадзинаг
куы сты, æмæ уый дæр ныххоста сæ фæдыл. Баййæфта сæ æмæ
суанг хъæдрæбынмæ — æнæхъæн бонцау! — лыгъдысты, сæ бон
куыд уыд, афтæ, фæлæ ничи разæй кодта: Сырдон астæуæй, .Урс-
къах æмæ Урсдзых — йæ фæйнæфарс... Хъæдрæбын Сырдон дæрд-
тыл æрзылд æмæ йæ цыд фæсабырдæр кодта, стæй иу ададжы
цурмæ куы бахæццæ, уæд бынтон æрсабыр йæ цыд æмæ бараст
донмæ. Йæ къух дзы атылдта æмæ тынг уазал нæу, нуазынæн
бæззы. Йæ армыдзыхъы дзы систа — цæссыгау сыгъдæг. Иу хуыпп
дзы скодта æмæ Урскъахмæ фæдзырдта, йæ былтæм ын бахаста
дыууæ армыдзаг дон. Схуыпп æй кодта Урскъах æмæ йæ зæрдæ-
мæ фæцыд. Иу ахæм ма йын бадардта æмæ стæй — «Фæг дын у!..»
Фатакуй дæр дыууæ-æртæ сыллыппы скодта, стæй нал — Сырдон
дзы иу хуыпп акодта æрмæст, фаг у!..
Иу гуыбыр ма фæкодта Сырдон ададжы донмæ æмæ дуры аууон
доны æнцад цæстмæ фæкомкоммæ. Ирд малы ауыдта йæхи æмæ
цымыдисæй ныккаст: цæсгомыл фыды ’рхъис нал ис, фæлурс царм
чидæр байтыгъта уадулты къуыппытыл, фындз ныттæнæг, ныд-
даргъ æмæ йæ дыууæ фарсæй кæсынц дыууæ стыр æрвгъуыз цæс-
ты... Кæсынц æнтъыснæг æмæ æфхæрдгъуызæй, æрмæст сæ арфы
цыдæр цины стъæлфæн рухсивæн хæссы... «Базæронд дæ, мæнæй
уый!..» — февзæрд Сырдоны сæры æмæ уæд Сырдон, — йæ хъуы-
дыйы фыдæнæн! — йæхи лæппу схъæл фæкодта: нырма афæлвар-
544
гæ у! Фендзыстæм, кæддæра мæ цы ахæссой!.. Кæмæ мæсты код-
та Сырдон, уый бæрæг нæ уыд — рæстæгмæ, дауджытæм, уæларв
Хуыцаумæ æви царды æрвылбоны тухитæм?..
Чысыл рауад æмæ Урскъахы йæ рæзты симгæ, гакъон-макъон
уайгæ куы ауыдта, уæд йæ маст айсæфт æмæ бахудти: ай мæнæн
куы кафы, йæ цин æмæ мын йæ арæхст куы ’вдисы, уæд æз цæуыл
мæсты кæнын!.. Хорз, хорз, Урскъах! — сæмдзæгъд ын кодта
Сырдон æмæ йæм бæх æрбацыд, йæ сæр æм бадардта. Сырдон æй
æрлæгъзытæ кодта æмæ йын афтæ зæгъы:
— Цом ныр, Урскъах, цом, Урсдзых! Фенæм нæ бæстæ, ам
цæргæ нын у æмæ йæм æркæсæм, базонæм, басгарæм!.. Стæй адæ-
мæн дæр зæгъæм. Уынут! Мигъ сыстад! Нал ис Мигъвæлмы хъæу!
Ис ма æрмæст нæртон дзыллæ, нæртон сыхтæ!..
Рацыдысты Сырдон, Фатакуй æмæ Урскъах, фæкæстытæ код-
той, фæзылдысты, бæстæ сæ зæрдæмæ фæцыди æмæ сæ уæрдоны
цурмæ æрхастой сæ фæндаг. Уæдмæ хур бæрзонд ссыд. Сыстадыс-
ты Фари æмæ Сидахъ дæр. Фари ма сын хæринаг дæр ацæттæ
кодта æмæ Сырдон, йæ бæх æмæ йæ куыдзæн сæ дзулы хæйттæ
куы радта, Фари, Сидахъ æмæ йæхæдæг дæр цыдæртæ куы ахор-
дтой, уæд сыстад æмæ афтæ зæгъы:
— Сидæхъ, Фари! Цин кæнут! Æрхæццæ стæм нæ цæрæн бы-
натмæ! Фæци нæ балц!.. Сидахъ, схиз уæрдонмæ æмæ мын мæ
уасæн радав, иухатт хъæды иумæ кæй сæрæзтам, уый. Хъуыды ма
йæ кæныс?.. Уæрдоны галиу къуымы ис, мæ лæдзæджы цур, ра-
хæсс æй. Фари, ды ацу уæхимæ æмæ дæ ногдæр дарæстæ скæн,
абон цины бон у!.. Алафарнæн зæгъ, халагъуды цурмæ, зæгъ, рацу!
Сидахъ, цы фæдæ цы? Ссардтай йæ?.. Уæдæ йæ рахæсс æмæ
лидзгæ уæхимæ, дæ уадындз рахæсс, халагъуды раз æз æмæ ды
уасгæ кæндзыстæм, абон бæрæгбон у!..
Фари æмæ Сидахъ азгъордтой сæ уæрдæттæм. Сырдон бацыд
халагъуды размæ æмæ богь-богь кæнын систа. Мигьвæлмы хъæу
фесхъиудта уыцы æвирхъау богъ-богъмæ, иууылдæр ракалдысты
æддæмæ æмæ атындзыдтой халагъуды цурмæ. Адæм тымбыл кæ-
нынц, дис кæнынц — Сырдон сæрра и, æви цæуыл богъ-богъ кæны,
æрлæууын нал зоны æви?.. Сырдон нæ уадзы йæ богь-богъ. Уалын-
мæ йæм æрбахæццæ Сидахъ æд уадындз æмæ уый дæр уасын рай-
дыдта йæ тых-йæ бонæй. Æмæ уæд бамбæрстой адæм, ам цыдæр
сусæг ис, æндæра саби нæ бауæндыдаид Сырдоны цур уасын...
Иууыл куы ныттымбыл сты йæ алфамблай, уæд Сырдон схызт
фæхсбандонмæ æмæ ныхъхъæр кодта:
— Уæ, нæртон дзыллæ! Уынут, мигъвæлм сыстад! Нал ис ма-
хæй хуры ’хсæн мигъы къæм! Нæ фæндаг фæци! Иæ ног цæрæн
35 Сырдомы цæссыгтæ
545
бæстæм æрхæццæ стæм! Фæци нæ фыдæвзарæн, нæ хъизæмар!
Абонæй фæстæмæ кусгæ æмæ цæргæ у мæнæ ацы райдзаст зæх-
хыл, мæнæ ацы ирд арвы бын!.. Цины бонтæ уыл цæуæнт нырæй
фæстæмæ! Абон нын цины бон у æмæ «Нæ фехъуыстон!» мачи
зæгъæд!..
Сырдои æрхызт бадæн фæйнæгæй æмæ ма иу-æртæ уасты нык-
кодта йæ хæтæлæй, стæй йæ Сидахъмæ радта: «Ахæсс æй уæрдон-
мæ, фездæх æмæ гыццийы абæрæг кæнæм». Адæм кæрæдзимæ
фесты: цин, хъæбыстæ, кæуынтæ, хъæр æмæ ахст!.. Сырдон уыцы
равг, уыцы зæрдæйы уаг батыдта, бавзæрста сæумæцъæхæй æмæ
йæ нал фæндыд уымæ кæсын. Йæхи раиуварс кодта æмæ æн-
хъæлмæ каст Сидахъмæ.
Æвдæм хабар
«еын#з-ШЕ еæр, еой-йæ вын»
Уыцы ’хсæв нæртон адæмыл, фæндагæй фæлмæцыд адæмыл,
æртæфст сæ фæллад — нырмæ сæ тас фæллайын нæ уагьта, йæ
рис ничи ницæмæ дардта, тыххæй йын фæрæзта, уæддæр æй ни-
кæмæн æвдыста, йæ бинонтæй дæр æй æмбæхста. Ныр — æрхæц-
цæ стæм нæ ног цæрæнуатмæ! — цины уылæнтæ фæтых сты иу-
цъусдуг сæ зæрдæтыл æмæ æгæнон цин фæкодтой уыцы хурбон —
хъармы, рухсы, мыдау адджын уæлдæфы, — стæй ныххуыссыдысты
сæ уæрдæтты æмæ тарф фынæй баисты. Нæ фынæй кодтой æр-
мæст хистæртæ — Алафарн, Армимаз, Фæрныг, Сагсур, Сугъар
æмæ Сырдон. Нæ фынæй кодта Аминæт дæр. Уымæн йæ рис не
’рсабыр, кæд йæ мидзæрдæйы цин кодта — æрхæццæ стæм, уæр-
доны цæлхыты сæрмæ нал дзедзырой кæндзынæн, — уæддæр. Уый
æмбæрста, кæд æй тынг нæ фæндыд басæттын, уæддæр — нал ын
и а дунейыл цæрæн.
Нæ фынæй кæнынц хистæртæ та фидæны мæтæй: куыд цæр-
дзысты адæм дарддæр?.. Фæндаджы фыдæвзарæн батыдтой æртæ
мæйы дæргъы, фæлæ ныр цæрын хъæуы æмæ куыд райдайой, цы
кæной?.. Уалдзæг у, хъарм, рухс, фæлæ цы хæрой, цы кусой,
зымæг дæр та ралæудзæн, цы ми кæндзысты уæд?.. Иуæн дæр сæ
бацæуæндон куы нæ ис?.. Уым, нæртон дунейы, сæ цард фыдæй
фыртмæ аразгæ уыд, фæлæ уæддæр мæгуырæй тыдтой сæ бонтæ
фылдæр-фылдæры, ныр ам та иу февнæлдæй, уалдзæгæй зымæ-
джы райдианмæ, исты хуызы хъуамæ сифтонг кæной сæ раздæры
мæгуыр цард, æмæ куыд, цы хуызы?..
Сырдон адæмы цины хор-хорæй куы фæхицæн, уæд Аминæт-
мæ бацыд Сидахъимæ æмæ йæхи уый дæр цинæвдылдæй æвдыс-
та, æппæлыди Аминæтæн — Сидахъимæ мах æнæхъæн нæртон
дзыллæйы нæ уастæй фæтæрсын кодтам! — фæлæ Аминæт уыдта:
нæ худынц Сырдоны цæстытæ, цыдæр катай сæ кæсы æрхуымæй,
æнæрайæ. Аминæт дæр йæхи Сидахъы цæстмæ хъæлдзæг дардта,
547
цины хуыз æвдыста: ныр мын кæд ницыуал уаид ам, сабыр æмæ
хъармы, хуры рæвдыдæй кæд раивин!.. Фæлæ йæхи дæр нæ уыр-
ныдтой йæ ныхæстæ. Сырдоны та ма куыд фæсайдтаид!.. Рацыд
Сырдон æмæ æддейæутты азылд, адæмæй йæ куыд ничи базыдта-
ид, науæд æй кодтаиккой иумæйаг цинмæ æмæ уымæн та йæ зæр-
дæ циныл нал уыд, ног сагъæстæ йæ сæ быны скодтой — иуæй
Аминæты хъæдгом — фесæфт сæ сылыстæджы хуыздæр, нарты
ног цæрæнуат ингæнæй райдайдзæн!.. Иннæмæй та — цы æмæ
куыд уыдзыстæм дарддæр?.. Мыййаг, ацы зæхх хорзайæн куы нæ
уа, сæ тауинаджы нæмгуытæ дзы куы баппарой æмæ сæм фæззæг
куы ницы ’рцæуа, уæд цы кæндзысты?.. Æввахс сæм цæргæ дæр
куы ничи кæны, кæмæй ракурдзысты, науæд тыхæй дæр кæмæй
байсдзысты?..
Сæумæрайсом Сырдон фæцæуæг Сугъары халагъудмæ. Ныр
уый Ныхасы бынат бацахста æмæ уым æвзæрстой хистæртæ сæ
хъуыддæгтæ, уым хастой сæ ахсджиагдæр тæрхæттæ. Сырдоны
бацыдмæ уым фæхсбандоныл бадти Алафарн. Чысыл фæстæдæр
сæм æрбаиу Армимаз дæр, йæ уæлвæд Фæрныг æмæ Сугъар, æрæ-
джиау — Сагсур дæр. Дзырд сæм нæ уыд, фæлæ йæ се ’ппæт дæр
зыдтой — ардæм сæ æркодтой сæ дысоны катайтæ. Иууылдæр
цыдæр мæты кæй уыдысты, уый бæрæгæй зынд сæ цæсгæмттыл,
сæ уонгуагъдыл, сæ дзырды æрхæц-æрхæцыл. Сырдон фæхатыд,
иууылдæр уымæ кæсынц — ды райдай æмæ мах дæр дæ фæдыл
тулдзыстæм!.. Фыццаг сын сæхимæ куы байхъусид, уый йæ фæн-
дыд, фæлæ сæ куы ничи иста йæхимæ ныхасы райдиан, уæд сын
сæ разы равæрдта йæ тас æмæ йæ мæты нывтæ:
— Цæй, кæрæдзимæ цы кæсæм, нæ катай иу æмæ иумæйаг у
æмæ йыл æрдзурæм. Мæ нымадæй фыццаг исты амал хъæуы уал-
дзæджы куыстæн — куы ницы байтауæм, уæд зымæджы адæм сы-
дæй фæцагъды уыдзысты. Куы байтауæм, уæддæр бæрæг нæу, цы
’рзайдзæн, фæлæ куы ницы тыд уа, уæд та ныфс бавæрæн дæр
ницæмæй ис... Фыццаг сагъæс — хуым бакæнын, исты байтауын,
зымæджы хабар ахицæн кæнын, стæй у, æмæ исты амæлттæ кæн-
дзыстæм...
— Хорз зæгъыс, Сырдон, фæлæ æз ауал азы фосы фæдыл кæм
хæтын, уым æз та афтæ зæгъын: тæккæ абон алыг кæнæм иу хъуыд-
даг — фос, нæ фосæй ма цы аззад, уыдон бавæрын хъæуы!.. Нарт
цæрæнбонты, куыд хъусын, афтæмæй, хор æмæ фосæй цæрынц...
Цы муртæ ма нын аззад, уыдон куы акъæфæм, уæд айдагъ хорæй
дæр нæ аирвæздзыстым... Гъе æмæ мæнмæ ахæм фæнд ис: цыдæ-
риддæр нæм заинаг фос ис, уыдон рахицæн кæнæм, саразæм сын
хъæуы фарсмæ дарæн, сæ цæуæтæн — агъуыст, кæрт фод, фæлæ
548
йæ сæр агъуыст куыд уа, къæвда бон дæр сæ бын сур куыд уа, иу
дæр дзы куыд нæ фæхъæуа... Фæззæгмæ куы аирвæзой, уæд нæ
фос дывæр бауыдзысты æмæ та цæрыны амал фæуыдзæн адæ-
мæн... Хор куыд зайдзæн а бæсты, уый нæма зонæм, фæлæ дзы
фос дарæн кæй ис, уый бæрæг у æмæ фыццаг уымæй райдайæм...
Дарæн мын рахицæн кæнут, фосы цотæн чысыл скъæт бацъаппы-
тæ кæнут, æмæ уын дзырд дæттын: фæззæджы нæ фос дывæр
уыдзысты! — зæрдиагæй фæнымадта Сагсур æмæ цыма фæзмæ
схызт, уыйау сулæфыд æмæ йæ ныхас балхынцъ кодта: — Гъе уый
уын мæ бон у феххуыс æмæ мын кæд мæ къух саразат, — иу боны
куыст æгасæй! — уæд ацы фæнд æз бакæндзынæн. Æндæр мæ
мацы радомут...
Сырдоны зæрдæ хурварс абадт. Уый нымадта: Сагсур зæгъ-
дзæн — нарты хистæртæ сымах стут, æз æрмæст уæ сиахс дæн, æмæ
мын цы зæгъат, уый кæндзынæн. Тæрхон хæссын та уæ мæт у!..
Ныр иугæр Сагсур царды фæндтыл у, уæд уый аразгæ не ’ппæтæй
фылдæр скæндзæн. Иæ хъуыды иттæг раст у æмæ йæ фарс рахæ-
цын хъæуы!..
— Цы ма дæ радомæм, хорз лæг?.. Нæ аразинæгтæн сæ иу
æрдæг дæхимæ айстай иунæгæй æмæ ма дæм æндæр цæмæ баулæ-
фæм?.. Цы зæгъут хистæртæ?.. Мæнмæ гæсгæ, нæ тæрхон куы
ахицæн уа, уæд ацæуæм, рахицæн кæнæм уæтæры бынат зайæг
халæн, цотæн та мæнгагъуыст скæнæм тæккæ сом, радтæм ын
лæппутæй æххуысгæнджытæ æмæ кæнæд йæ хъуыддаг... Куы фæуа
сæ цот кæныны рæстæг, уæд хъуццытæ сæ хицæутты уыдзысты
æмæ сæм зилæнт, родтæ баззайæнт Сасгсурмæ суанг фæззæгмæ...
Иннæ фос дæр уæддæр йæхи кæсинаг сты æмæ сæ хизæнт лæппу-
тæ, Сагсур та — сæ хистæр... Цы зæгъут, хистæртæ? — фæрсы
Сырдон æмæ кæсы Фæрныгмæ, фосы хабæрттæ уый хуыздæр зоны
æмæ уый ныхас ахсджиагдæр у.
— Раст мæм кæсынц ацы фæндтæ мæнмæ дæр, — сындæггай,
ивазгæ дзырдæй рахабар кодта Фæрныг. — Йед у, махмæ фосæн
йæ ахæрынмæ рæвдз сты рагæй дæр, фæлæ рæуæдмæ сабийау
кæсын кæй хъæуы, — зилын, рæвдауын, — уый бирæтæн сæ фæсо-
нæрхæджы дæр нæй!.. Мах æнæ фосæй ам ницы скæндзыстæм,
мæгуыргур кæмæ фæцæуæм, уый дæр нæй ацы дзæгъæл быды-
ры... Тыхæй исын рагæй нæ туджы уыд, ам ничи ис, кæмæй цы
ратона кæнæм, науæд армыдзаг адæмæн цы йæ бон у?.. Гъе æмæ
кæд лæппу куыд зæгъы, афтæ бакæна, фæззæг нæ фос бадывæр
уой, уæд та цардæн исты амæлттæ кæндзыстæм... Хорз фæнд у,
бакæнын æй хъæуы!..
— Разы дæн, иу боны тыххæй ахæм фæндæн ныууадзæн нæй,
549
фæлæ ма нæ хуыммæ цæуыны размæ иу хъуыддаг бакæнын хъæуы, —
райдыдта Алафарн. — Чи кæм цæрдзæн, стæй кæм ис йæ хуымы
гæппæл, уый хъуамæ зона алчи дæр, науæд адæмы зæрдæ куыст-
мæ нæ райдзæн æмæ цы бауыдзыстæм?.. Уæрдæтты дæр кæдмæ
цæрдзыстæм?.. Алчи йæ цæрæнуат куы зона, уæд дзы халагъуд
уæддæр æрæвæрдзæн... Кау сбидзæн æмæ кæрт скæндзæн, исты
халсартæ дзы ныссадздзæн... Хъæу хъуамæ хъæуы хуызæн бауа,
науæд нырма быдыры карыуаны хуызæн стæм æмæ нæ фæндтæй
ницы рауайдзæн...
— Алафарны хъуыды мæнмæ дæр раст кæсы, — сразы Арми-
маз. — Алчи дæр йæ цæрæнуат ныридæгæн хъуамæ зона... Хæ-
дзаргæнæг адæймаг кусынмæ æвæллайгæ у, æппæтмæ рæвдз, дуры
тыччы дæр ын къулы хылычъы у, удæгас калм — бæндæны скъуыд-
дзаг... Æмæ уал сом алкæмæн йæ быууат рахицæн кæнæм, стæй
йæ зæххы хай... Уый фæстæ та иннæ хъуыддæгтæ...
— Ацы хабар æнæмæнг кæнинаг у, стæй æппæты разæй, — йæ
ныхас æрбаппæрста иттæг разыйæ Сугъар, фæлæ ма цæуылдæр
тыхст æмæ фæлæууыд, цыма дывæнд кодта: зæгъа йæ, ма йæ зæгъа?
Сырдоны цæстытæм иу каст фæкодта, цыма дзы æххуыс агуырд-
та, стæй йæ цæф къах иннæйы сæрæй райста дыууæ къухæй æмæ
йæ ныхас фарсты хуызы фæци. — Гъе фæлæ мæ базонын фæнды:
ам цы фæтк, цы ’гъдауыл цæрдзыстæм: нæртон зæххыл куыд уыди,
афтæ, æви æндæр хуызон?..
Хистæртæ нæ бамбæрстой, цы сæ домы ацы лæг, Сырдон уый
фæхатыд æмæ ныхас йæхимæ айста:
— Сугъары фарст, йæ катай мæнмæ дæр ахсджиаг кæсы... Мах
рахицæн стæм нæртон дунейæ, сурæгау нæ ракодтой, уым чи баз-
зад, уыдон... Фæрнæй дзы цæрæнт, фæлæ кæд сæ фæтк, се ’гъда-
уæй цæринаг стæм, уæд цы уыд нæ рацыды сæр, нæхи ныр æрдæг
афæдзы дæргъы цы схауæггаг æмæ дудгæбойнаг кодтам?.. Мæ
нымадæй афтæ цæргæ нæу махæн... Уый зæгъын, æмæ адæмы
мыггæгтыл дих кæнæм ныр дæр, уый нæ уыдзæн раст!.. Чи цы
мыггагæй у, уымæй уæд, аивæн ын нæй, фæлæ не ’ппæт дæр нæр-
тон адæм стæм æмæ нын иумæ цæргæ у, хицæнтæй — нал, фаг
нын у, æдылы дихтæ æмæ фидистæн кæрон сæкæнæм!.. — Сыр-
дон фæхатыд, мæсты кæнын райдыдта æмæ йæхиуыл фæхæцыд. —
Афтæ бадзурæм æмæ иу ран æрцæрæм, стæй кæй кæм фæнды,
кæй фарсмæ йын адджындæр у, уым æрцæрæд... Мæнæ цæугæ
доны был, дыууæ ададжы астæу рахицæн кæнæм цæрæнуæттæ...
Стыр бынат ахсын дæр дзы цæмæн хъæуы?.. Хæдзары бынат,
кæрт, халсары бынат, дыргъы бæлæстæ... Æмхуызон цæрæнуæт-
тæ уал рахицæн кæнæм. Алчи йæ цæрæнуат æмæ йæ сыхаджы куы
550
зона, уæд фаг у, стæй ам нæ уыдзыстæм?.. Фидæнмæ, чысыл куы
фæцæрдхъом уæм, уæд æндæр фæндтæ дæр кæндзыстæм, зæхх —
фагæй уæлдай!.. Фæлæ уал ныр фæныхдзæф уæм зæххы, стæй
нæ уалдзæджы кой бакæнæм, æндæра зымæг нæ гонты куы ницы
уа, уæд цæрæнуат дæр дзæгъæлы баззайдзæн...
— Уый æндæр ныв у, — сабыргай бакодта Сугъар. — Уый мæм
хорз кæсы, фæлæ та кæд цыппар хъæуыл дих кæнæм нæхи, уæд æй
хъуамæ зонон: Фæсхъæу мæнмæ кæсдзысты æмæ сын цы зæгъон?..
— Йед у... — æлхынцъæрфыгæй дзуры зæхмæ, уырдыгмæ кæсы,
афтæмæй Фæрныг, йæ къухы хилтæ кæрæдзийыл сбыдта æмæ сæ
йæ уæрджыты сæртæй нылхъывта, — мæнæн мæ ахуыр рагæй дæр
афтæ у, хицæнæй, иуварс, иппæрдæй цæрын... Уый зонут уе ’ппæт
дæр... Фæлæ мæм мæнæ зæры бон хорз нал кæсы... Дихтæ æмæ
фидистæ æнцон сты, кæрæдзийыл худынмæ ифтыгъд стæм рагæй
дæр... Фæлæ дзы цы рамбылдтам?.. Нæргæ адæм ныххæлæттаг
сты... Уый — нæ пайда!.. Ныр æз зæронд лæг дæн, царды фæндтæ
кæныиæн нал дæн... Иу бындар мын ис, æмæ цæрæнуат æз цæ-
мæн æвзарон, уый дзы цæрдзæн æмæ йæ æвзаргæ дæр уый ракæ-
нæд!
Фыдæлтæй хъуыстон: дæ цæрæнуат ивыс, уæд — хуыздæрмæ.
Хуыздæры бæрджытæ та сты: доны æмæ фæндаджы хорз, хъæды
арæх, стæй — хорз сыхаг!.. Ам дон хорз и, зæхх дæр цыма хора-
рæх уыдзæн, хизæнтæ — бирæ, хъæд — нæ уæлæ!.. Сыхæгтæ та
нæхæдæг равзарæм, дихтæ-къордтæ мауал кæнæм, нырмæ дзы ницы
рамбылдтам æмæ аппарæм ацы фæтк, раст дзуры Сугъар... Сыр-
доны загъдау, мæнæ дыууæ ададжы астæу, стыр доны был батым-
был уæм æмæ цæрæм иумæ, дихтæ нал!.. Мæ рагон ахуырыл æз
дæр мæ къух исын, зын кæд у, уæддæр... Мæ лæппуйы кæм ба-
фæнда, кæй фарсмæ йын уа æхцондæр, уым æрцæрдзынæн...
Цыдæр диссаг фæкаст хистæртæм Фæрныджы фæндиаг. Уый
æнхъæл дзы ничи уыд: нæргæ хæдзар, æмбæхст лæг, куыд сразы
уыдзæн иннæты ’хсæн гомдуарæй цæрыныл?.. Ныр уый йæхæдæг
куы ракодта ахæм кой, уæд ма цы загътаиккой?!
— Стыр бузныг хъуамæ зæгъæм Фæрныгæн, — сындæг, цыма
хоры нæмгуытæ æвзары сысылытæй, уыйау дзуры Сырдон. —
Уæддæр царды зилдухæнты чи сфыцы, уый царды хъулæттæ дæр
хуыздæр зоны... Фæрныджы фæндыл сразы уæм, ницы ’рымыс-
дзыстæм хуыздæр... Мæ фæндон — сом Алафарн, Фæрныг æмæ
Армимаз бацамонæнт алкæмæн дæр йæ цæрæнуат... Хæйттæ —
æмхуызон, цæйас хъæуы, уый сæхицæй растдæр ничи бацамон-
дзæн... Кæй кæм фæнда, уым ын бацамонæнт йæ цæрæнуат. Къæ-
бæлтæ дзы æркъуырæнт, радзур-бадзур дзы куыд нæ уа... Мæхи-
551
цæй уын цы зæгьон?.. Уæлæ мæ хъæды ’рдыгæй, кæронæй бауа-
дзут... Мæ фарсмæ кæй фæнда, уымæй та бузныг уыдзынæн. Ныр
ма иу хабар... Зæххы хæйттæ уарын ацы аз фæуадзæм... Хуым
бакæнæм иумæ, стæй кæмæ цы тауинаг уа, уый бæрц дзы байта-
уæд æмæ баласæд... Æрмæст сидзæргæс устытæн ныууадзæм хъæу-
мæ æввахсдæр хай, иннæтæ бафидаудзысты... Уый æз мæхимæ
исын... Гъе æмæ афтæ бакæнæм: сом æз æмæ Сагсур аразæм да-
рæн: дыууæ стыр кæрты — иу хуыскъæгтæн, иннæ зайæгхал фо-
сæн, фыстæ æмæ хъуццытæн æцæг гæрæнæй хицæн куыд уой;
стæй ма чысыл скъæт. Фæсивæдæй нæм чи фæкæсдзæн, уыдон
дæр равзардзыстæм. Сымах та — Алафарн, Фæрныг, Сугъар æмæ
Армимаз — сбæрæг кæнут цæрæнуæттæ... Уый фæстæ нæ хъæуæн
ном дæр хъæудзæн, ныхасы бынат дæр — астæуæй, куырдадзæн
дæр дзæбæх бынат, æлыджы хæдзар та хицæнæй — Алафарны
кувæнуат!.. Хуымгонд куы фæуæм, уæд хæдзæрттæ аразынмæ
бавналдзыстæм, зымæг нæ дуармæ ма хъуамæ ’рыййафа... Фæлæ
уал афтæ райдайæм: фос æмæ адæмæн — цæрæнуæттæ!.. Сом уыцы
хъуыддаг кæд бакæнæм, уæд иннæбон кæнæ уый иннæбон та хуым-
мæ цæуын хъæуы... Зæхх куы фæчъырццæ уа, уæд дзы ницыуал
ратондзыстæм нæ дзыбыртæй æмæ æдзæллагæй баззайдзыстæм...
Æниу ма соммæ дæр цæмæ кæсæм?.. Нæ нысан бæрæг у æмæ
абон райдайæм...
* * *
Сугъары барджытæ цины бон бæстыл азылдысты, æрбæрджы-
тæ кодтой: кæм цы ис сæ алыварс, исчи дзы цæры æви нæ, кæцæй
сæм ис фæцарæхсæн давынмæ, гъе та тых хæссынмæ, кæм цы
зайы. Сырдон сæм, дарæн æвзарынмæ, чысыл скъæт-мæнгагъуыст
аразынмæ фæкæсут, зæгъгæ, куы бадзырдта, уæд ын загътой: уый
та нын цы хъæуы аразын — хъæд æмæ уистæ бирæ, æрбаласдзыс-
тæм галтыл, абидзыстæм кæртытæ, мæнгагъуысты цæджындзтæ
æмæ цар хъæуы, æндæр дзы зынæй ницы ис. Стыр доны был иу
ран даргь хъæз — хæрх, уымæй йæ сагъуындзыстæм æмæ уе скъæт —
цæттæ. Иууыл диссаг — иу боны куыст. Цорæ баныфс æвæрдта:
цæджындзтæ æмæ уистæ кæнынмæ тæккæ сихорафон ацæудзæни
йе ’мгæрттимæ, сæумæраджы та сæ ласгæ ’рбакæндзæн, каутæ
бийынмæ та ас лæгтæй искæйты рахонут, уыдон хуыздæр сарæхс-
дзысты...
Сырдон дыккаг бон ракодта йемæ цалдæр лæджы, кау бийын-
мæ хорз чи архсти, ахæмты. Сагсур йе ссыдмæ уым уыд. Уистæ,
михтæ æмæ цæджындзæгтæ чи ласта, уыдон дæр хъæды дзыхæй
552
æрбазындысты... Лæппутæ сæ куыст раздæр фесты æмæ хъæумæ
азгъордтой: уым, дам, цæрæнуæттæ уарынц æмæ базонæм нæ бы-
нæттæ. Сырдон йæ кыст райдыдта заинаг хъуццыты кæртæй, ху-
ыскъæгтæ дуармæ дæр фæлæудзысты, дзæгъæл цæуын сæ куый-
тæ нæ бауадздзысты... Дардыл кæрт дæр нæ уыди — бæрцæй дыууæ
фондзыссæдз хъуджы ма баззад æнæхъæн Мигъвæлмæн, — нырма
сæ хъæуы ном уæддæр Мигъвæлм хуыдтой... Хæдзæрттæ дыууæ
ахæмы уыдысты, фæлæ сæ фылдæрæн хъуг æппындæр нæ уыд
æмæ Сагсуры уый маст уыди: сыл родтæ дыууæ азмæ хъуццытæ
уыдзысты æмæ дзы алкæй дæр фæуыдзæн, науæд уый циу — хæ-
дзæртты — сабитæ æмæ сын иу хуыпп æхсыр нæй!.. Сырдон æмæ
йе ’мбæлттæн кæрт быд фæцис сихормæ, æмæ Сырдон цин кодта
- изæрмæ сбидзæн скъæты къултæ дæр, йæ цар ын хъæзæй бам-
бæрздзæн æмæ — хъуыддаг арæзт, иннæ кæрт сом сихорафон-
мæ абидзæн, лæппутæ дæр ма йæм куы фæкæсой, уæд та ноджы
тагьддæр... Сом хуыммæ цæуынæй ницы рауайдзæн уæддæр. Уадз,
галтæ дæр рахизой æмæ аулæфой, æртæ мæйы фæндагыл уыдыс-
ты æмæ сæ хъару саст у.
Сихорафон Сырдон хæринаг хæссынмæ кæй арвыста, уыцы
лæг нæма зынди, кæрт быд куы фæци, уæддæр, æмæ кусджытæ
улæфыдысты уисты къонатыл. Раст уыцы рæстæджы иу-дæс лæп-
пуйæ хæстонтæй уым балæууыдысты æмæ Сырдонмæ хибар ран-
мæ адзырдтой — ныхасаг нæ ис!.. Цы у уæ ныхас, зæгъгæ, сæ куы
бафарста Сырдон, уæд Цæлой йæхи фæхъæбатыр кодта:
— Сырдон, бахатыр нын кæн, нæ ных дæм кæй æрбатардтам,
уый, фæлæ мах, — мæн, Цорæ, Борсæ, Базыг, Хæмæт, Хуазар,
Кæфхорты Хæрзой, Базыр, Алæгаты Кумара æмæ Созыры, —
рарвыстой кæстæртæ фæрсынмæ: не ’ппæты дæр фæнды дæ фарс-
мæ æрцæрын æмæ ды та цы зæгъдзынæ... Алафарнитæм бахас-
там нæ фæндиаг æмæ загътой: нæ тæрхон афтæ уыд — кæй кæм
фæнды, уым æрцæрæд! Фæлæ, дам, Сырдоны дæр бафæрсын
хъæуы: уый дæр, дам, фæнды уæ цуры цæрын!.. Гъе æмæ фæр-
сæм: дæуæн дæр фæндон у, мах дæ цуры куы уаиккам, уый, æви
нæ фæндагыл сфæлмæцыдтæ æмæ зæгъыс — æз ма уæ ирвæзгæ
куы фæкæнин!.. Гъе уый нæ цыды сæр. Бахатыр нын кæн ноджы-
дæр нæ къæйных!..
Сырдон фæхъуыдыйыл: фæнды йæ бæргæ — атæппæт фæси-
вæд йæ алыварс куы уаиккой! Цины бон дæр, хъыджы бон дæр,
куысты, хæсты заманы — æлвæст кардау, цæттæ лæгтæ! Фæлæ
раст нæ уыдзæн, иннæ хистæртæ фæхъыг уыдзысты — нæ кæс-
тæрты нын йæ фæдыл асайдта æмæ мах иунæгæй аззадыстæм!..
Нæ мæ фæнды сын зæгъон æмæ иуæй гæды ныхас у, иннæмæй та
553
сæ Хуыцауы дзæгьæлы фыдæгьгъæл кæнын... Цыдæртæ ма аны-
мадта йæхимидæг æмæ сын уæд радзырдта:
— Афтæ уыи зæгъон, уæ цуры цæрын мæ нæ фæнды, æмæ
сыгъдæг гæды ныхас уыдзæн... Æрцæрут мæ цуры! — ныхъхъæр
кæнин фырцинæй, фæлæ ма дзы цыдæртæ анымайын хъæуы...
Далæ кæсут Алафарнитæ кæм рауай-бауай кæнынц? Дыууæ ада-
джы астæу!.. Стыр доны был!.. Цæмæн равзæрстам мах, хистæр-
тæ, уыцы тъæпæн цæрынæн? Уымæн æмæ сом цы уавæры бахау-
дзыстæм, уый нæ зонæм. Зæгъæм, фæзынд лæбурæг... Стыр до-
нæй æрбахизын зын у, фистæгæй дæр, бæхыл дæр. Адгуытыл дæр
тæргæ бæхыл не ’рбагæпп кæндзынæ... Ацырдыгæй фарс дæр исты
хуызы фæстæдæр нæхи æрфидар кæндзыстæм... Ныр у, æмæ чи
хъуамæ бахиза знагæй адæмы?.. Сымах!.. Æндæр ныфс нæртон
дзыллæйæн ныртæккæ нæй. Хорз, зонын æй, мæн дæр уемæ ба-
нымайдзыстут, Сугъары дæр. Разы дæн... Сагсур ме ’фсымæр кæй
у, уый зонут... Чысылæй фæстæмæ æфсымæртæ загътам кæрæ-
дзийæ, уый ма уæйыг куы уыди, æз — Æхсæртæггаты дзæгъæл-
дзу, хæхты ралли-баллигæнæг, уæдæй фæстæмæ. Ай-гъай, уый
дæр мæ цуры цæрын фæнды, раст мæнау... Сугъар дæр мыл йæхи
нæ атигъ кæндзæн. Æз дæр æй бирæ уарзын... Гъе æмæ куыд
рауайдзæн?.. Хæстхъом адæм иу ран ныккалдысты, иннæты фæс-
фæд ныууагътой — сымах цыфæнды кæнут!.. Уый раст уыдзæн?..
Нæ уыдзæн!.. Гъе, æмæ афтæ бакæнæм: иутæ — хъæуæн йæ дæл-
лаг кæрон, иннæтæ — йæ уæллаг кæрон!.. Мæ нымадæй Сугъар
æмæ æз хъуамæ дыууæ кæроны лæууæм... Хистæрты астæу сыхы
ныууадзæм — Алафарн æмæ Армимазæй зæгъын — Армимаз нæ
Куырдалæгон у, нæ тыхсты бон уый раз балæууæм — нæ кусæн-
гарз дæр, нæ хæцæнгарз дæр уый армæй цæуы æмæ хъуамæ астæ-
уæй уа, афтæ — Алафарн дæр!.. Ныхас дæр хъуамæ астæуæй уа...
Хæстонтæ та æхсæнмæ-æхсæнты, сæ фылдæр — кæрæтты... Афтæ
бакæнæм — уæхст дæр куыннæ басудза æмæ физонæг дæр куын-
нæ бавзалы уа... Базырæн йæ фыды цур цæргæйæ у, Созырæн —
Армимазы цур, Цъæхойæн — Алафарны цур; Цæлой, дæуæн æнæ
Борсæ дæ бон нæ бауыдзæн æмæ ды хъуамæ астæуæй уай... Нæ
тæрхоны ма уыд ахæм фæндон дæр: сидзæргæс устытæ, йæ хæ-
дзары ас лæг кæмæн нæй, уыдон хъуамæ æрцæрой астæуæй, на-
уæд зæгъдзысты: сдзурæг нæй нæ сæрыл æмæ нæ кæронмæ рап-
пæрстой, ома бирæгъ куы фæлæбура, уæд фыццаг сымах ахæс-
сæд!.. Нæртон хæстонтæ та зæгъынц: нæ, исчи куы лæбура, уæд
фыццаг йæ хъуыры мах хъуамæ фæбадæм, йæ цыппæртæ ма куыд
тила, фæлæ йæ сулæфыны бон куыннæуал фæуа!.. Цы зæгъыс,
афтæ раст нæу?.. Раст у, дæ фыд æмæ мæ фыдыстæн!.. Æз дæр
554
уæдæ ам кæронæй иунæг нæ уыдзынæн... Ардагъу мæ хæлар уыди
æмæ мын фæдзæхста: дæ хъус-иу фæдар Цорæмæ, æндæр мæ
нывыл лæг мæ мыггагæй ничи фæци!.. Ныр цы кæнон, мæрдтæм
æй фæсайон?.. Нæй уый гæнæн!.. Уæдæ Хуазар та мæ æгъдæн-
цойыл хæцæг уыди хæсты бонты, бæх мын куы нæма уыди, уæды
заманы. Мæсты йæм дæн æцæг, фæлæ мæ масты фæдыл куы ацæ-
уон, уæд мыл йæ зæрдæ фæхуддзæн... Уæйгуытæ нæм дыууæ ис:
Цорæ æмæ Кумара, æмæ иугæр Цорæ мæ фарсмæ ис, уæд Кумара
та хъуамæ Сугъары фарсмæ уа. Хæмæтæн йæ фыдимæ цæргæ у,
уый кæм равзара, уым цæрдзæн, фæлæ мæнæ Кæфхор кæй хонут,
уый уæд мæ цуры, æз Арпаданы бирæ фæленчытæ кодтон, æмæ
йæ бафæлварон, зоны доны хъуыддæгтæ æви æрмæст кæфы фыд
хæрынмæ арæхсы!.. Искæй ма кæд ферох кодтон, уæд уæхæдæг
фæут тæрхоны лæгтæ... Тæхуды, иууылдæр мæ цуры куы уаик-
кат!.. Фæлæ мах не ’ппæт дæр адæмæн иумæйаг стæм... Сымахæн
нæ зонын, фæлæ йæ æз афтæ æмбарын... Афтæ мæм куы нæ дзу-
рид мæ зæрдæ, уæд мæ цы цæуинаг уыд нæртон уæзæгæй?.. Мæ
сабиты удтæн тарстæн æви иу-дыууæ æнæбары зæдæй фæтарста-
ин?.. Нæ, лæппутæ, мах нæртон дзыллæйæн иумæйаг лæппутæ
стæм æмæ йын хъуамæ лæггад кæнæм, цалынмæ нæ цæст æртти-
ва, уæдмæ...
Лæппутæ ацыдысты. Уæлдай разы уыдысты, Сырдон йæ цуры
кæй ныууагъта, уыдон — Цорæ, Хуазар, Кæфхор, фæлæ иннæтæн
дæр сæ зæрдæмæ фæцыд Сырдоны нымад, раст сæм фæкаст æнæ-
хъæн нартыл иумæ тыхсын æмæ хъуыды кæнын. Цæлой мæстæй
марын райдыдта Цорæиты: Сырдон зоны, сымах йæ цуры куы нæ
уат, уæд уæ иу æхсæв мыст йæ хуынкъмæ æхсæры ’фсон алас-
дзæн!.. Махæй та йæ ныфс ис, хъæуы кæрон уа, йæ астæу уа —
бафæраздзыстæм æмæ исчи куы лæбура, уæд æй тугомынты фæ-
кæндзыстæм!..
Дыууæ боны бахъуыдысты адæмы цæрæнуæттæ æмæ фосы
дарæнтæ æрбæстон кæныныл. Дыккаг изæр ма Сырдон Сагсури-
мæ йæ галтыл хуым кæнын дæр афæлвæрдта. Цалдæр хаххы акодта
дзывырæй æмæ базыдта иу хабар — зæхх у иттæг дзæбæх, сау
мæр, хæрисы къалиу дзы фæтъыстай, уæд фæззæгмæ бæласæй
агæпп ласдзæн!.. Фæлæ йæ кæнын у зын, хъæуы дзыргъайы дзæ-
бæх æмæ галты фидар... Стæй нæууы гæбæзтæ бахъæудзæн æм-
бырд кæнын хуымы кæронмæ... Сæ галтæ та сты фæлмæст æмæ
æдых. Цæмæй сæм базилой — хос сæм нал ис, кæрдæг та нырма
сыгъдæг дон у, тых нæ дæтты... Цы чындæуа?.. Сагсур загъта:
бæхты сифтындзæм. Фæлæ нартæ бæх хуымы никуы ифтыгътой,
йæ ифтындзын дæр ын нæ зонынц, нæдæр сæм ифтындзæн гæрз-
555
тæ ис... Цы чындæуа, уымæн ницы зоны Сырдон, æрмæст ма йæ
ныфс ис Армимазæй — Куырдалæгон исты æрымысдзæн!.. Æмæ
йæм изæры хæдзармæ бацыд.
Армимаз бирæ фæхъуыды кодта, йæхимидæг цыдæртæ фæ-
барста, стæй йын загъта:
— Никуы федтон æз дæр бæх æфсондзы ифтындзгæ, фæлæ
исты æрымысдзыстæм... Гал бæрзæйæ хæцы, бæх та кæд йæ риуы
’гънæгæй анцайа, æндæр йæ бон ницы у... Бæхæн æндæр æф-
сондз бахъæудзæн æрымысын. Сом мын иу бæх мæ уæрдоны цур
бабæтт, æрбарон æй...
Ацыдысты хуыммæ иу бон фæстæдæр. Иууылдæр зæрдиагæй
бавнæлдтой кусынмæ, фæлæ сын фыццаг бон æнтысгæ бирæ ницы
бакодта. Галтæ, æцæг, лæмæгъ уыдысты. Сырдонæн хорз галтæ
уыд, йæ уæрдон та — рог, æмæ фæндагыл фæлмæцгæ дæр уый
бæрц нæ бакодтой, фæлæ сæ уæддæр Сырдон сихорафон суагьта
æмæ хизынмæ аздæхта: фыццаг бон куы ныллæууой, уæд нал сбæз-
дзысты æмæ æгуыст фæуыдзыстæм, фæлтау — сындæггай арха-
йæм. Ныр галтæ хизынц, уæд Сырдон конд уадздзаг æхсæдынмæ
фæци, æххуыс та йын кæнынц Созыр æмæ Сидахъ. Аминæты куы
фарста Сугъар, кæм æвзары цæрæнуат, уæд ын æргом загъта:
«Сугъар, æз мæлæты къахыл лæуд дæн, мæнæн мæ цæрæнуат
бæрæг у... Фæлæ мæ иунæджы цæрын хъæуы æмæ йын Сырдоны
цур равзарут бынат... Хъыг дæм ма фæкæсæд, фæлæ саби Сырдо-
ныл сахуыр æмæ йæХи уымæ æппары, ноджы Сырдон иунæг у,
дæуæн та дæхи даринæгтæ дæр фаг сты... Афтæ хуыздæр уы-
дзæн...» Сугъар сразы уайтагъд æмæ рацыд — йæ зæрдæ уынгæг
кодта æмæ йæ нал фæндыд рынчыны цур лæууын, ныр æй бауыр-
ныдта, Аминæтæй пайда нал и... Ныр иугæр Сидахъ æмæ Сырдон
сыхæгтæ баисты, уæд Фари сæхимæ нал цыд, Сугъары усы бæсты
рынчынмæ бадт æхсæв дæр æмæ бон дæр... Сырдонæн та Сидахъ
цыд галты разæй, сæрбосыл хæцыд æмæ галтæ йæ фæдыл футт-
футтгæнгæ хылдысты... Конд уадздзаг нæууы къуыбæрттæй дæр
иумæ ’хсæдынц.
Сырдоны бафæзмыдтой иннæ гутондартæ дæр, суагътой гал-
ты, сæхæдæг нæууы къуыбæрттæ кæрæдзийыл бахойынц, сæ сы-
джыт куы разгъæлы, уæд сæ хуымы кæронмæ фехсынц... Дыууæ
боны конд сын сидзæргæсты фаг разынд æмæ уал уыдон тауинаг
байтыдтой. Уыдонимæ уыд Сидахъы хуым дæр æмæ лæппу йæ
мадæн аппæлыд: гыцци, нæ хуым конд æмæ тыд фæци! Аминæт
æм ракаст, æнæбары бацин кодта æмæ йæ лæппуйы сæрыл йæ
тæвд арм æрхаста: «Хорз, мæ хъæбул, ныр дын хуым ис, фæззæг
æй æркæрддзынæ æмæ цæрдзынæ...» Сидахъ æмбары, цыдæр раст
556
нæ дзуры йæ мад, фæлæ йæ тыхфарст нæ кæны. Уый нырма уыр-
ны, сдзæбæх уыдзæн йæ гыцци, кæд ын тынг тæрсы, уæддæр.
Æртыккаг æмæ цыппæрæм бон галтæ фæцырддæр сты, фæлæ
сæ уæддæр Сырдон сихорæй фæстæмæ ифтындзын нал бауагъта.
Фæндзæм бон сын Армимаз æртæ цæды бæхты фаг бæхæфсæндз-
тæ сарæзта. Диссагæй дзы ницы уыд: дзывыры фындзыл баст
фæрсырдæм дарæн хъил, хъилыл цыппар гæрзы. Гæрзыты кæ-
рæттæ баст цæуынц бæхæфсондзы хъустæм. Æфсондз та уыди
хуымæтæджы галы къæлæты хуызæн, кæвдæсмæ бæттæн къæлæ-
ты хуызæн, æрмæст ын йæ тæлыйыл Армимаз стыхта нымæты
уадздзаг, бæхæн йæ риу куыннæ ’фхæра къæлæты къæдз. Сырдон
йæхæдæг бафæлвæрдта бæхтыл ацы æфсæндзтæ сæвæрын æмæ
хуым кæнын. Сабыргай фæцалх сты бæхтæ, æрмæст сæ хъуыди
кæнын дзывырвæдыл, сæ астæу цæуын, науæд кæрæдзиимæ ерыс
кодтой, æз фæраздæр уон, зæгъгæ, æмæ дзывыр мæрæй фесхъиу-
фесхъиу кодта, дзывырвæд хæлди. Лæппутæй бæхтимæ хуыздæр
чи арæхст, уыдон сын сæрылхæцджытæ систы. Ныр чысыл фæ-
рæвдздæр хъуыддаг. Сихорæй изæрмæ бæхты ифтындзын рай-
дыдтой æмæ сын фылдæр æнтысти бакæнын. Армимаз æфсæндз-
тæ куыд арæзта, афтæ бæхты фылдæр ифтындзын райдыдтой.
Галтæ дæр ныр рæвдздæр уадысты хуымы — æрдæгбоны фаг код-
та сæ хъару, стæй-иу сæ суагътой æмæ хызтысты иннæ райсоммæ.
Æхсæзæм бон Фари фæсаходæн хуыммæ ссыд æмæ Сырдонæн
аивтæй, Сидахъ куыннæ хъуыстаид, афтæ зæгъы: «Аминæт æвзæр
у æмæ дæм сиды». Сырдон базыдта, хъуыддаг хорз нал у, фæлæ,
цыма ницы ’рцыд, уыйау Созырæн дзывыры къæдз йæ къухты
фæсагъта, ды уал хуым кæ, æз дæр тагъд зындзынæн, æмæ рацыд
Фариимæ. Аминæт фæлурс æмæ уонгуагъдæй хуыссыд хуры хъарм-
мæ. Сырдоны куы федта, уæд æм тæригъæддаджы каст скодта:
— Хатыр, дæ куыстæй дæ иппæрд кæнын, фæлæ æндæр гæнæн
нæй... Фари, Сугъар æмæ ма мын йæ усмæ дæр фæдзур, дæ хор-
зæхæй...
Ацыд Фари æмæ уæд Аминæт комкоммæ радзырдта Сырдонæн:
— Сырдон, мæнæн мæ царды бонтæ фесты... Æрдæбон мæ зæр-
дæ бахъарм æмæ ма тыххæй æрчъицыдтон... Уымæн дæм адзырд-
тон, цалынмæ мæ зонд мæхимæ ис, уæдмæ дын мæ сабийы афæ-
дзæхсон... Ныр мæ мæрдонвæндагыл лæуд дæн æмæ ма йæ цы
’мбæхсон... Мæ сабийы бонтæй куы фæхицæн дæн, уæдæй фæс-
тæмæ бæллыдтæн: демæ куы цæуин, куы кусин, куы зарин, зарын
дзæбæх зыдтон чызгæй... Фæлæ стæй ды Зæринæимæ куы базон-
гæ дæ, уæд мæ къух систон мæ фæндиагыл... Смой кодтон æз дæр,
фæлæ мæхи бар куы нæ уыдтæн, уæд иууыл дæуыл хъуыды код-
557
тон... Устытæй кæмæйдæр фехъуыстон: ус йæхибар куы нæ вæййы,
уæд кæуыл фæхъуыды кæны, уый хуызæн, дам, рацæуы йæ сы-
вæллон... Дæ хуызæн нæ рацыд, фæлæ дæ бирæ уарзы, чи зоны,
мæнæй дæр фылдæр... Гъеныр æз куы нал уон, уæд ын мад æмæ
фыды бæсты дæр ды уыдзынæ æмæ йæм дæ хъус фæдар... Зонын
æй, уый дын дзурын дæр нæ хъæуы, нæ йæ ныууадздзынæ иунæ-
гæй, фæлæ уæддæр... Цæрæнуат дæр ын ам уымæн равзæрстон,
æндæра мæнæн мæ цæрæнуат бæрæг у...
Сырдон хъуыста, зæрдæ ма цæмæй бавæрдтаид Аминæтæн, уый
нæ уыд æмæ йæ цæссыгтæ хивастæй цыдысты йæ уадултыл. Ами-
нæт æм иуахæмы фемдзаст æмæ уый дæр йæ цæстытæ доны ра-
зылдта, стæй уæддæр йæхи фæфидар кодта:
— Сырдон, кæуыс?.. Нæ хъæуы, æз уый аргъ нæ дæн... Уый
куы зыдтаид, ды мыл цæссыг æрæппардзынæ, уæд, чи зоны, раз-
дæр амардаин... Ныр нал мæт кæнын, рæвдыдæй цæуын уыцы
дунемæ... Ма ку... Æз дæр — нал, далæ æрбацæуынц Сугъаритæ,
уыдонæн дæр зæгъон мæ фæндиаг: саби дæумæ хъуамæ уа... Сугьар
æй зоны, фæлæ йæ усæн дæр зæгъон дæ цуры... Сугъарæй бирæ
æххуыс зонын, фæлæ саби дæумæ йæхи æппары, стæй уымæн
йæхицæн дæр бирæ даринæгтæ ис... Ма хъынцъым кæ, Сырдон...
Мæ хуызæттæ бирæ ис нæ сылыстæгæй, ды та иунæг дæ нæртон
зæххыл... Алкæуыл куы риссай, уæд цæй фаг суыдзынæ?.. Ца-
лынмæ сын ды уай, уæдмæ сыл ницы ’рцæудзæн... Æмæ дæхи
бавæр, уæд уыдон дæр хызт уыдзысты сæ фыдбылызтæй... Кæд-
иу мæ мæ хъæбулимæ искуы ’рымысат, уæд уæ бузныг уыдзынæн
мæрдты бæсты... Цæй, ныр фæци!.. Мæ нывæрзæныл мын уæл-
дæр схæц æмæ сабырæй баныхас кæнæм Сугъар æмæ йе ’фсини-
мæ... Сырдон æм куы ’ргуыбыр кодта, уæд æм Аминæт дзагъыр-
дзæстæй бакаст æмæ йын бынтон сабыр бадзырдта: «Хæрзбон у,
Сырдон... Æзрайсоммæ, æвæццæгæн, нал ахæсдзынæн, æхсæвба-
дæн мæм кæндзысты æмæ мæ дзырды бон нал фæуыдзæн... Мæ
саби дæ фæдзæхст... Ардыгæй куы ацæуат, уæд-иу æй рарвит,
ацинтæ ма йыл кæнон...»
Сугъар æмæ йе ’фсин æрбацыдысты. Уыдонæн дæр загъта
Аминæт, йæ саби Сырдонæн кæй фæдзæхсы.
— Хæдзар ын скæнут ацы зæххы гæбазыл, куы байрæза, уæд
афтæ куыннæ зæгъа, мæ мад æмæ мын мæ фыд бацæуæндон дæр
нæ ныууагътой... Цы муртæ мын ис, уыдон ам уæрдоны хуылфы
сты... Цæрынæн ахъаз не сты, фæлæ гыццийы мысынæн фагсты...
Уæ куыстæй уæ иппæрд кæнын æмæ мын ныббарут... Уæ ног
уæлмæрд мæнæй кæй райдайдзæнис, уый дæр мын ныггæдзæ кæ-
нут, мæ барвæндонæй нæу...»
558
Сырдон æмæ Сугьар ацыдысты сæ куыстмæ. Сугъары ’фсин
æмæ Фаримæ изæры баиу сты Алафарн æмæ Сагсуры æфсинтæ.
Сидахъы Сырдон рарвыста, гыцци дæм дзуры, зæгъгæ, æмæ уый
йæ мады уæлхъус уыди суанг райсоммæ, стæй йæ Сырдон рахаста
йæ хъæбысы: «Цом, гыццийы уал фæуадз...» Иу чысыл афынæй
Сидахъ, стæй фестад, бауад йæ мады цурмæ, фæлæ нал уыди йæ
гыцци раздæры хуызæн, ницыуал æм сдзырдта æмæ Сидахъ хъæ-
рæй ныккуыдта: «Гыцци нал дзуры!..»
Хуыцаубон уыди æмæ хистæртæ сфæнд кодтой: абон бавæрæм
Аминæты, сом куыстмæ цæуын хъæуы. Стыр хистытæ нæ кæн-
дзыстæм. Иу фыр аргæвдæм, хистæртæ æмæ устытæ рухс зæгъæнт
æмæ йæ бавæрæм. Сабийæн дæр афтæ æнцондæр уыдзæн... Уæл-
мæрды бынат равзæрста Сырдон. Йæ хæдзарæй чысыл уæлдæр
уыди иу ныллæг обау æмæ загъта: ам æвæрдзыстæм нæ мæрдты,
обауы алыварс... Кау ыл ыскæндзыстæм, фос æм куыннæ цæуой.
Фадат куы фæуа, уæд та йыл дурæй быру самайдзыстæм...
Бавæрдтой Аминæты, сыджыт ыл батымбыл кодтой, йæ ны-
вæрзæн ын иу хъилдур ныссагътой æмæ ацыдысты сæ хæдзæрт-
тæм. Дыккаг бон та сæ куыстмæ бавнæлдтой. Æрмæст Сырдон
æмæ Созыр нæ кодтой хуым дыккаг бон. Уыдон ацыдысты хъæд-
мæ, æрбаластой уистæ, михтæ æмæ Сырдон кау сбыдта ингæны
алывæрсты... Бонæй ма дзæвгар аззад æмæ Сырдон ногæй ацыд
хъæдмæ, скъахта æртæ бæрз талайы æмæ дзы ныссагъта ингæны
нывæрзæн иу, йæ дæлфæдтæм — дыууæ. Къуыпа нæма райхæлд
æмæ, чи зоны, сзайой» — нымадта йæхинымæр...
Стыр доны был дуртæ бирæ уыд æмæ дзы иу хуыцаубон Сыр-
дон цалдæр æрбахаста, ингæны цур сæ æрæвæрдта, йæ зæрды
уыд, хуымгонд куы фæуой, уæд ингæны алыварс дурсис самай-
дзæн æмæ йын дуар дæр сараздзæн, бацæуæн æм куыд уа... Афтæ
йын амыдта йæ зæрдæ: ацы уд йæхи дæ сæрыл æрхаста, йæ цæр-
гæйæ йын ницы фæдæ, ныр ын йæ мæрдон бынат уæддæр бахуы-
зæн кæн...
Фесты нæртон дзыллæ хуымгонд. Цы сæм уыд тауинагæй, уый
сыджыты бын фæкодтой. Ныр кæд исты æрхæссид æмæ зымæ-
джы æххормаг бонтæ нæ тониккой. Адæмæн ныр сæ мæт, сæ кой
сси хæдзæрттæ саразын. Зымæг уæрдæтты нæ бафæраздзысты,
сабитæ уазалы басидзысты... Сырдон загъта хистæртæн: «Хъæ-
дæй хæдзæрттæ аразын дардыл хъуыддаг у. Хъæд кæнын, ласын,
амайын хъæуы. Фæлтау уисын къултæ сбийæм — дывæлдах къул-
тæ, се ’хсæн æлыг, æмæ уыдзысты хъарм. Хистæртæ зыдтой, Сыр-
дон кæддæр йæхицæн ахæм хæдзар сарæзта æмæ сразы сты йæ
фæндоныл, æрмæст, дам, куыд аразгæ у, уый кæстæртæн баца-
559
мон. Сырдон райдыдта бийын йæхи хæдзар, стæй Сидахъы уон
æмæ кæстæрæй хистæрмæ, иууылдæр йæ цуры уыдысты. Амыдта
сын, цы зыдта, уый. Стæй ма сын бацамыдта иу ног хабар — арт-
дзæсты дыууæ фарсы Сырдон самадта дурæй дыууæ ныллæг къу-
лы, сæ кæрон та сын фæскъулмæ ауагъта, донуадзæн хæтæлы хуы-
зæн — фæздæгдзон. Ныр хæдзары цар æхгæд кæй уыд, уый ницы-
уал хъыгдардта: фæздæг цыди фæскъулмæ, арты тавс хæдзары
зади æмæ бирæ хъармдæр уыд бинонтæн.
Хæдзары астæу уыди цæджындз, цæджындзы сæрыл фидар-
гонд тæссармæ æвæрд ставд хъилтæ, уыдоныл та хъæзы дæстæгтæ
дывæлдахæй. Къæвдайы дон уыдоныл лæдæрст фæсхæдзармæ æмæ
хæдзар уыд уарыны донæй иппæрд, хъарм æмæ сыгъдæг... Хæ-
дзары хъуамæ уа рæхыс! — загътой хистæртæ, — æмæ Сырдон
æрцауыгъта рæхыс йæ хæдзары къонайы сæрмæ, фæлæ æрмæст
агыл хæцынæн. Аг æрцауындз рæхысыл æмæ дзы истытæ фыц!
Къонайы сæрмæ дыууæ сискъулыл æвæрд уыд æлыгæй къæй æмæ
уый та — дзулы гуылтæ, физонæг, цæкуытæ, хæбизджынтæ фы-
цынæн... Лæгты уæлдай сылгоймæгты зæрдæмæ фæцыд ацы ха-
бар: ныр сын бирæ æнцондæр уыдзæн артимæ архайын, къæйыл
дзултæ хуыздæр фыцдзысты, нал æвдылдзысты фæнычы... Сыл-
гоймæгты дзырд кæм цыд, уым саразын кодтой «сырдоны къона-
тæ», иннæ рæтты баззадысты раздæры тымбыл къонатæ æмæ цары
фæздæгдзон ердотæ, уæлæндгуытыл ауыгъд рæхыстæ... Уазалдæр
уыдзæн хæдзар, фæлæ быхсдзыстæм, нæ фыдæлтæ дæр быхстой
æмæ сыл ницы ’рцыд!...
Сырдонæн бирæ куыст разынд, къонатæ аразын йæхæдæг зыд-
та æрмæст æмæ йæм сылгоймæгтæ хатыдысты: «сараз нын дæхи
къонайы хуызæн!» — æмæ цы кодтаид? Фæстагмæ, æцæг, Ала-
фарн æмæ Армимаз фæцайдагъ сты уыцы «дæсныйадыл» æмæ йын
фенцондæр. Æцæг, хуыцаубонты нæ куыста. Уæд-иу Сидахъимæ
араст Аминæты ингæнмæ æмæ уым амадта сис, лæппутæ йын сæхи
зондæй æрбаластой галтыл бирæ дуртæ стыр доны былæй æмæ ма
сæ æрмæст амайын хъуыд. Сырдон æвзæрста дуртæн сæ дзæбæх-
дæрты æмæ сындæггай амадта сис. Йæ талатæ схæцыдысты æмæ
сæм хаста дон. Ингæны сыджытыл Сидахъимæ ныссагътой цыдæр
дидинджытæ æмæ цæгтæ-цæгтæй сфардæг сты ингæны къуыбы-
рыл суанг йæ сæрмæ. Сидахъ зыдта, нал ын ис гыцци, ныр ын
уый бæсты дæр Сырдон у. Ныр куы нал хицæн кодтой, уæд æй
æргом хонын райдыдта баба. Хаттæй хатт-иу йæ мады куы ’рбай-
мысыд, уæд-иу йæ цæстытæ донæй айдзаг сты æмæ-иу уæд йæхи
Фатакуимæ хъазæг скодта. Фæлæ йæ Сырдон уыдта, æмæ архайдта
сывæллоны йæ мастæй иуварс дарыныл. Фæцайдагъ æй кодта
560
уæрыччытæ æмæ родтыл узæлын. Хъуццытæ æмæ фыстæ зайын
райдыдтой, æмæ-иу Сырдонæн фадат куы фæци, уæд-иу Сидахъы
акодта уыдон уынынмæ. Уый æцæг цины сæр уыд Сидахъæн:
сæхицæн хъуг нæ уыд æмæ рæуæдимæ никуы хъазыд, ныр ын
уыцы фадат фæци æмæ цины ’вдылд йæ саби зæрдæ.
Иу сабатбон Сырдон амадта кæмæндæр артдзæст, Сидахъ хъа-
зыд фæсхъæу Фатакуимæ, æнхъæлмæ каст, баба тагъд зындзæн
æмæ ацæудзыстæм быдырмæ Урскъахыл ахъазынмæ. Сырдон са-
хуыр кодта Сидахъы бæхыл бадын, бæх æмбæрста, цы «барæг»
ын йæ бар бакæны Сырдон æмæ йæ арæхстгай рахæсс-бахæсс код-
та кафгæ-симгæ. Сидахъ бæхæй нæ хауд æмæ цин кодта — сбарæг
дæн!.. Сидахъ æнхъæлмæ каст, фæлæ Сырдон никуы зынди...
Сырдон артдзæст амад æххæст нæ фæци, афтæ йæм бацыдыс-
ты хъæуы устытæ иу-дыууадæсæй, нæ хъуццытæ ныззадысты,
фæлæ нын сæ Сагсур нæ уадзы хæдзæрттæм!.. Сырдон дис кодта,
цæмæн сæ нæ уадза Сагсур, ам цыдæр ис, устытæ мын æй барæй
нæ дзурынц, цæуын хъæуы, базонын... Дзырд афтæ уыдысты: хъуг
ныззади, йæ род цæуынхъом фæци, уæд æй акæнæд йæ хицау,
дуцæд æй, рæуæдмæ дæр зилæд... Цы ма сæ агуры ацы устытæй
Сагсур?.. Сырдон къахы устыты аивтæй, фæлæ йын ницы хъæр
кæнынц. Фæстагмæ устытæй иу мæстыйæ афтæ бакодта: «Зæгъ
ын, Сырдон, æмæ мын мæ хъуджы рауадза, науæд ын йе ’ннæ
цæст дæр скъахдзынæн æмæ, Ардагъуйау, лæдзæджы фындзæй
агурдзæн фæндаг!..»
— Ау, цæстытæ къахын дæр зоныс?.. Уæйгуыты мыггагæй кæд
нæ дæ?.. — Сырдон амæсты Сагсуры коймæ, фæлæ йæ нæ равдыс-
та. — Æви дæм цæстытæ къахын арфæтæ кæнынау кæсы?..
— Уæйгуыты мыггагæй нæ дæн, фæлæ Æхсæртæггатæй дæн, —
иттæг разыйæ дзуры сылгоймаг. — Æмæ мæ мадæн чызгæн ма
фæбæззон, æз ын йæ дыууæ цæсты куы нæ сæмхуызон кæнон!..
Сырдон йæ мыггаджы коймæ фестъæлфыд — цæмæй стырзæр-
дæ у, Æхсæртæггатæй дæн! Усыл аивтæй йæ цæст æрхаста æмæ...
гуымирамад, стæвдтæ конд æмхуызон — цæсгомæй, уæнгтæй; цæс-
тытæ — хæрз гыццыл хуынчъытæ, мысты цæстытау къуыпп да-
рынц æддæмæ, бадт хъæстæлау — цъæх... Лæджы цæст къахы йæ
фыдуынд, уæддæр йæхицæй æппæлы — Æхсæртæггаты чызг!..
Цыма йын Хуыцауы хорзæх у!..
— Æмæ нæ тæрсыс, Æхсæртæггаты хъал чызг, мыййаг дæ йæ
лæдзæгæй куы ракъуыра, æмæ рыджы мур куы фестай, уымæй?..
— Хуыцау æй ууыл куы сардауид! Æфсон мæ фæуа, æндæр ын
æз фенын кæнин!.. — Зынгау йæхи схъауы ус æмæ Сырдон мæсты
райдыдта.
36 Сырдопы цæссыгтæ
561
— О, æмæ дæ уагæры цæмæн бахъуыд уыцы хъуг, æмæ лæг-
мæрдтæ кæнай?.. — зæрдиагæй фæрсы Сырдон.
— Куыд мæ цæмæн бахъуыд?.. Иунæджы номыл бадын æмæ
йын ныр иу дзидзайы мур йæ армы кæдæй нæ авæрдтон!.. Хъуг
дæр мæн у, род дæр æмæ йæ æргæвдгæ кæнын!.. Нæ хъæрæу
уæйыгмæ уый кæцырдыгæй хауы?!
— Гормон фæуай, — фæлвары Сырдон усы йæ фæндæй иуварс
асайынмæ, — уыцы родмæ æрхаудтæ?.. Науæд иннæты сывæл-
лæттæ дзидзатæ хæрынц?.. Цы йыл тагъд кæныс, рæзын уал æй
бауадз, стæй дæ кæд æндæр фæрæз нал уа, уæд æй аргæвд...
— Иннæтæн цы хæрынц сæ сывæллæттæ, уый мæнмæ нæ хауы.
Уыдон сын, чи зоны, сæ мукъутæ цармæ бæттынц, мæнæн иу у
æмæ йын мæ род æргæвдгæ кæнын!.. Фæци!.. Стæй мæнæ ацы
устытæ дæр Сагсуры сохъхъыр цæст уынынмæ нæ цæуынц!..
Сырдон бамбæрста хабар æмæ фæлæууыд. Устытыл йæ цæст
ахаста æмæ дзы, мæ ныхас æм бахъардзæн, зæгъгæ, иумæ ба-
дзырдта:
— Раст ма зæгъ, тынг дæ фæнды дæ род аргæвдын?.. Фидæн-
мæ дыгæрдыг кæнæ уæныг куы уыдзæн, уæд цы уынгæджы фæдæ,
дæ сабиты фидæныл цæуылнæ батыхсыс?.. Ау, ахæрынæй ан-
хъæлмæ кæсын хуыздæр у, уый дæр никуы фехъуыстай?.. Науæд
нæ адæмы фылдæрæн хъуг æппындæр куы нæ ис, уæд уыдон сы-
вæллæттæ та цы хæрдзысты?.. Æви нæ зоныс, дæ сабийæн искæй
хъулонæй цы радтай, уый йæ фарсыл нæ хæцы?..
— Уый бæргæ у, фæлæ... тыхсынц сабитæ... Кæрдæгæй сæ
хæссæм, ныр сын æцæг, ницыуал у, æхсыры хуыпп сæм хауы...
— Кæд уын, мыййаг, Сагсур уæ хъуццыты дуцын нæ уадзы? —
фæрсы Сырдон.
— Дуцын та куыннæ уадзы, йæхæдæг нæм æрцыд: радуцут,
дам, уæ хъуццыты, родтæ, дам, фæхъуыртхъом сты, фæндзгай
бонтæ, дам, сыл ацыд, — раппæлыд æндæр ус Сагсурæй æмæ
Сырдон бамбæрста се ’ппæты дæр. /Ехсæртæггаты чызг сæ рам-
бырд кодта, сæхи зондæй нæ рацыдысты...
— Гъе æмæ æгайтма, — сабыр кæны йæхи Сырдон. — Бынтон
та уын кæд рауадздзæн дарæнæй уæ хъуццыты?..
— Загъта, родтыл фæйнæ мæйы куы ацæуа, уæд сæ акæнут.
Науæд, дам, сымах родтæн сæ хъуыры ницы ауадздзыстут æмæ,
дам, сыдæй амæлдзысты, иттæг разыйæ та ранымадта æвзаггæл ус.
Сырдон ахъуыды кодта, адон мæ сайгæ куы ракодтой, уæд
кæдæм цæуын семæ?.. Аздахын сæ хъæуы, науæд сæм Сагсур афтæ
нæ фæкæсдзæн: Æхсæртæггаты кæлдымы кæй ранæмдзæн, уый
мæ цæстытыл уайы, æмæ худинаг кæнæм...
562
— Мæнæ хорз устытæ, родтæн æргæвдæн нæй!.. Уый хистæр-
ты тæрхон у æмæ уын ницы дæр Сагсур ратдзæн, ницы дæр уын
мæ бон у, фæлæ аздæхут фæстæмæ... Сабитæ тыхсынц, раст у,
фæлæ уал æхсыры хуыппыл хъæцæнт, бирæтæн уый дæр нæй,
фæлæ уромынц, уæдæ цы кæнæм?.. Мæнæ фæззæгмæ куы аирвæ-
зæм, уæд нын алцыдæр уыдзæн... Цуаны цæудзысты лæппутæ æмæ
сырды фыд хæрдзыстæм... Хъæды сырд арæх у, фæззæджы нард
уыдзысты...
— Устытæ, ай нæ сайгæ куы кæны! — ныхъыллист кодта Сыр-
доны ’рвад. — Ай дæр маринаг у æмæ ма йæм цæмæ кæсæм!..
— Сырдон æм фæзылд æмæ ауыдта: ус дур фелвæста æмæ йæ
æрбахста Сырдоныл. Лæг йæхи фæиуварс кодта, фæлæ дур усты-
тæй иуы агъдыл сæмбæлд æмæ ус мæрдон хъыллист фæкодта:
— Амардта мæ!..
Сырдон хъæрмæ фездæхт æмæ тæккæ уыцы уысм йæ къæбу-
тыл сæмбæлд гуымбылыйас дур. Сырдоны цæстытæ атарытæ сты,
размæ ацух-мух кодта æмæ зæххыл пырхкъухæй сæмбæлд. Йæ
хъустæ ма ацахстой кæйдæр ныхас: «Цом нæ хæдзæрттæм, æндæ-
ра лæджы мард не ’фсон фæуыдзæн!..»
Талынджы æрчъицыдта Сырдон æмæ йæ цæстæй ракаст. Йæ
къухтæ æрбайста æмæ сыстыныл афæлвæрдта, фæлæ йæ бон нæ
баци. Йæ дæллагхъуыр туг бацахст уый базыдта, фæлæ дзы йæ
сæр иуварс акæнын йæ бон нæ уыд. Чысыл куы фæцæрдæгдæр,
уæд йæ гуыр иуырдæм айста туджы ахстæй, йæ ком ныссур æмæ
хъуыды кæны: кæрдæджы цъупп уæддæр аууилон, кæд мæ ком
бауымæл уаид æмæ дзурын сфæразин... Цыдæр кæрдæгыл фæхæст
йæ арм, сыскъуыдта йæ, бакодта йæ дæндæгты ’хсæн, æмæ æнæ-
бары æууилы... «Замманайы туаг у, зæрдæ йæ йæхимæ скъæфы...
Уæд та йæ аныхъуырин, цы мын хъуамæ ракæна?.. Цæй, мæ мæ-
лæт дзы кæд уыдзæн, уæддæр æй ацъирон». Цалдæр сыфы дзы
баууылдта æмæ бацъырдта Сырдон æмæ уæд йæ бон рабадын баци...
Скаст арвмæ: нырма раджы у-, æрдæг æхсæв дæр нæма у, — базыд-
та Сырдон стъалыты æвæрдæй æмæ загъта: мæ бон хæдзармæ фæ-
цæуын нæ бауыдзæн, ахсæв ам баззайын та худинаг у... Кæд мæ
агуриккой... Фатакуй мæ уæдæр агурдзæн... Зæхх мæ йæхимæ ласы,
фæлæ хуысгæ нал у, бадгæйæ мæ тагъддæр суындзысты...
Сылгоймæгтæ цæф усы ахастой æмæ ацыдысты. Æхсæртæгга-
ты чызг та Сагсурмæ слæбурдта. Фыццаг æй сайынмæ хъавыд:
Сырдон мæ рарвыста, хъуг æмæ роды ратт сæ хицауæн. Фæлæ
йын Сагсур загъта: Сырдон йæхæдæг куы нæ ссæуа, уæд дын ницы
ратдзынæн. «Сырдон нал ссæудзæн, фæлæ мын мæ род æмæ мæ
хъуджы рауадз, сохъыр хæрæг, науæд дын де ’ннæ цæст дæр скъах-
563
дзынæн!» — сæрдиаг кодта ус æмæ дурмæ фæгуыбыр кодта. Саг-
сур атыппыр фидисмæ æмæ йын йæ фæстаг лæдзæгæй скъуырдта, —
дзæбæх цæвынмæ йæ хъавыд, фæлæ сылгоймагмæ йæ къух чи
исы. Ус асæрбихъуырæйттæ кодта æртæ хатты æмæ стæй уæлгом-
мæ адæргъ. Йæ зонд йæхимæ уыд, фæлæ йæ фæстаг адондæппал
æмæ йæ уæнгтæ сæхимидæг зыр-зыр кодтой, цыма йæ ихдонæй
сластæуыд. Базыдта йæ бон, тыхæй ницы рахæсдзæн: иу цæф ма
йыл куы ’руайа, уæд йæ тыбыртæ бацæгъддзæн... Фæлтау хæ-
дзармæ цæуон, æндæра, Сырдоны амардтон, уый куы базона, уæд
мæ ныммур кæндзæн... Ус сыстад йæ цыппæртыл, стæй йæ къæх-
тыл слæууыд æмæ, йæ синтыл хæцгæ, «уæуу, мæлын!» дзургæ
араст сæхимæ... Устытæ фыццаг ницы хъæр кодтой, фæлæ цæф
усы лæг хæдзармæ куы бацыди фæсахсæвæрты, уæд ма йын цынæ
дзургæ уыд хъуыддагæн. «Ау, нырмæ фæдис нæ ныхъхъæр код-
тат?! Мæнæ къуырматæ æмæ худинаггæнджытæ! — фесхъиудта
лæг æмæ фæдисы азгъордта Алафарнмæ. Уый Армимаз æмæ Сугъа-
римæ разгъордтой Сырдоны хæдзармæ: ныр хъуамæ хæдзары уа!..
Фæлæ хæдзары баййæфтой æрмæст Фарийы, Фатакуй æмæ Си-
дахъ ацыдысты Сырдоны агурæг...
Сидахъ бирæ фæкаст æнхъæлмæ, фæлæ куы ’рталынг, Сыр-
дон куы никуыцæй зынди, уæд Фатакуймæ фæдзырдта æмæ ра-
цыд агурæг. Сидахъ хъуыды кодта: гыццийы куы баныгæдтам,
уæдæй фæстæмæ баба иу изæр дæр никуы фæфæстиат. Ныр æвæц-
цæгæн исты ’рцыд æмæ йæ агурын хъæуы. Йæ зæрдæ æхсайдта,
кæд Сагсурмæ ссыд, ногзад хъуццыты уынæг? Уымæ уал ссæуон,
стæй уæд Сагсур исты сараздзæн, уый дæр бирæ уарзы бабайы...
Цæуынц Сидахъ æмæ Фатакуй талынджы. Фатакуй фæдтæм
смуды, чысыл тардæр æндæрг кæм фены, уырдæм бауайы æмæ та
Сидахъмæ æрбаздæхы — уым ницы ис... Нæма схæццæ сты да-
рæнмæ, афтæ та Фатакуй ног æндæрг ауыдта æмæ уырдæм ауад,
уайтагъд йæ цины хъыс-хъыс ссыди æмæ Сидахъ дзыхълæуд фæ-
кодта, стæй лыгъд радта Фатакуймæ. Сидахъы бацыдмæ Фатакуй
Сырдоныл узæлы, йæ алывæрсты зилы æмæ ниуæгау кæны...
Сырдон саст хъæлæсæй радзырдта Сидахъмæ:
— Мæ лæппу, тæрсгæ ма фæкæн, фæкалдтæн, мæ сæр ныццав-
тон æмæ мæ бон сыстын нал баци... Ныр мын ницыуал у, фæлæ
цæуын мæ бон нæма у... Фатакуимæ ацæут, Урскъахы ракæнут
æмæ уый æнцæйтты ныддымдзыстæм нæхимæ... Ифтыгъд нæу,
фæлæ йын йæ барцмæ кæд сæххæссин. Цу, мæ лæппу, ма тæрс,
ныр иумæ стæм æмæ нын уæйыг дæр ницыуал ракæндзæн.
Сидахъ ницыуал сдзырдта, бамбæрста: цас тагъддæр ныццæуа
Сырдон хæдзармæ, уыйас хуыздæр у. Урскъахы ’нцæйтты сын-
564
дæггай ныццæудзæн. Сидахъ хæдзармæ куы ныццыд, уæд Ала-
фарниты уым ныййæфта æмæ сын хабар радзырдта, стæй фæсидт
Урскъахмæ æмæ сæ разæй араст Сырдонмæ, Алафарнитæ йæ
фæдыл. Урсдзых утæппæт адæмы цæугæ куы федта, уæд йæхи
^азмæ аппæрста — Сидахъ иунæг нæу æмæ йæ мæ сæр нæ хъæуы.
Иæ фæдыл ныййарц Урскъах дæр æмæ уыдон æппæты разæй ба-
хæццæ сты Сырдонмæ. Сырдоны зæрдæ барухс — адон мын уæд-
дæр сты а дунейыл!.. Нæ мæ ныууадздзысты иунæгæй цыфæнды
фыдæвзарæны дæр!.. Ныххæцыд бæхы зæнгыл æмæ фыццаг ра-
бадт йæ зонгуытыл, стæй тыхамæлттæй сыстад æмæ Урскъахы
’фцæгыл ныттыхст: ныр мын тас нал у, фæцæудзынæн нæхимæ!..
Уæдмæ æрбахæццæ сты Алафарнитæ, йæ дæлæрмтты бацыдысты
дыууæ ’мгары æмæ йæ ракодтой сæхимæ. Æруагътой йæ уатыл,
йæ цæф ын бабаста Алафарн, уый дæр Сырдонау дæсны хъæдгом-
гæс уыди, фæлæ йæхи æлвæстæвæрæг хуыдта, хъæдгоммæ зилы-
ны охыл Сырдонмæ амыдта рынчынтæн. Ныр Сырдоны хъæдгом-
гæс сси йæхæдæг. Куыд æрцыд, зæгъгæ, уымæй йæ нæ фарстой,
зыдтой йæ сылгоймæгты ныхасæй... Фæлæ Армимаз афтæ куы
бакодта — «Уыцы налат æхсæны дурæй маринаг у» — уæд Сырдон
сдзырдта:
— Йæ кой дæр ма кæнут, æнамонд æдылы у æмæ дзы цы до-
мут?.. Сæрхъæн у, æндæр ницы... Фæлæ лæппуйы уый æвджид
уадзын нæ хъæуы, фесафдзæн æй йæ сау зæрдæ æмæ æдылы зон-
дæй...
Ницыуал загътой йе ’мгæрттæ дæр. Сæ фæнд уыд: мæнæ куы
сдзæбæх уа, уæд æй бафæрсдзыстæм æмæ усæн исты тæрхон уы-
дзæн...
Къуырийы фæстæ Сырдон цæуын райдыдта, йæ сæр баст кæд
уыд, уæддæр. Хосгæрдæн æрхæстæг æмæ хуысгæ нæу ахæм рæс-
тæджы... Зылди быдырты, хъæдты, фылдæр Урскъах, Фатакуй
æмæ Сидахъимæ. Иуахæмы лæппутæм фæдзырдта ’мæ сын афтæ
зæгъы: хъæдын нуктæ куы саразиккам æмæ адгуытæй хъæуы ас-
тæумæ дон куы рауадзиккам, уæд устытæн зымæг дон æнцон хæс-
сæн уаид... Фосæн дæр дзы дондарæнтæ саразиккам æмæ хуыз-
дæр нæ уаид?.. Хъуыддаджы хорз бæрæг уыд æмæ Цорæ уыцы
хæс йæхимæ айста: ацы кæронæй мах лæппутæ ауадздзысты дон,
дæллаг кæронæй та Базыр æмæ йе ’мбæлттæ, зынæй дзы ницы ис.
Æмæ йæ æцæг сарæзтой, Сырдон сын цы ’мгъуыд кодта, уымæй
ноджы раздæр...
Хъæдты, быдырты Сырдон æрмæст йæхи ирхæфсыны тыххæй
нæ зылди. Бæрæг кодта: кæм и дыргъы бæлæстæ, кæм уыдзæн
æлыг Алафарнæн; æлыг дзауматæ фылдæр-фылдæры ныцъæл сты
565
фæндагыл, аразын хъæудзæн нæуджытæ, æмæ цæмæй?.. Рæхджы
хос дæр кæрдын хъæудзæн, æхсырфытæ нын ис, æцæг. Истытæ
кæндзыстæм. Фæлæ цырд фæлæууын хъæудзæн... Фосæн зымæг-
мæ хъæуы холлаг, бынæттæ... Адæм сæхиуыл фесты æмæ сæ фос
айрох сты... Скъæттæн исты амал хъæудзæн... Гал амæла — физо-
нæг, уæрдон асæтта — суг! — ахæм зондæй мах ам нæ фæцæрдзы-
стæм... Армы ’нгуылдзтау сты галæй, уæрдонæй. Мæлын æмæ
нын сæттынæн не ’нтысынц... Армимазæн зæгъын хъæудзæн: фаттæ
æмæ æрдынтæ бирæ бахъæудзæн, сырды фыд куы нæ уа зымæ-
джы, уæд цы хæрдзыстæм?.. Фосæй æргæвдæн нæй... Уыцы усы
загъдау: айдагъ кæрдæгыл хæсгæ не сты сабитæ... Уымæн ма æх-
сыр ис, фæлæ кæмæн нæй, уый та цы кæна йæ ахсджиагæн?.. Чи
зоны, бæхтæн сæ дæрдджынтæй куы аргæвдиккам, басы хуыппы-
тæ сæм уæддæр æрхауид... Бæхы фыд хæрын нæ сахуыр стæм,
фæлæ сабитæн уымæй циу?.. Уыдон æй зонгæ дæр нæ бакæндзыс-
ты... Алафарнитæн бакой хъæудзæн, чи зоны, сразы уой...
Сабитæн бæхы фыдæй къæбæрласæн аразын сæ зæрдæмæ
фæцыд хистæртæн. Фæрныг ма афтæ дæр бакодта: «Æз чынтæм
бахордтон иу хатт бæхы фыд æмæ æвзæр нæу, чысыл туагад кæны,
фæлæ йын уымæй циу?.. Æхсыр цы сабитæн нæй, уыдонмæ фæ-
кæсын хъæуы æмæ сæм чысыл бæхы фыд куы бафта, уæд сын
ницы уыдзæн. Сылыгур ныллæууын дæр йæ сæрмæ ничи хæссы,
стæй дзы куринаг дæр уадиссаг никæмæ ис!.. Скъæтты кой дæр
бакодтой хъуццыты хицæуттæн, галтæн та иумæйаг скъæттæ скæ-
нын æрымысыдысты, — ацы аз скъæт саразын алкæй къухы нæ
бафтдзæн, иумæты æнцондæр дарæн уыдзысты æмæ сæм уым алчи
йæхæдæг зилæд, науæд та — радыгай... Уый дæр сæм хорз фæ-
каст: цалынмæ рæстмæ не ’рцæрæг уæм, уæдмæ иумæ æнцондæр
у цæрын, кусын æмæ фос дарын. Стæй куы фæсæрæн уæм, уæд
дарæд алчи фæрнæй фос дæр æмæ маргъ дæр, кусæд зæхх, цæрæд
æмæ йæ къабæзтæ даргъ-уæрæх ауадзæд — йæхицæн дæр уыдзæн
æмæ нæртон дзыллæйæн дæр!..
Хосгæрдæнмæ ма бæрцæй цалдæр боны баззад æмæ Сырдон
Цорæмæ бадзырдта, ныр æм æввахс цард æмæ йæм æнцон асидæн
уыди:
— Цорæ, дæ рын бахæрон, лæппутæ ныртæккæ æгуыст сты,
æмæ хос куы ракæрдиккам... Хуыскъæгтæ быдыры сæ былтæ ис-
тæуыл хафдзысты, фæлæ хъуццытæ æмæ галтæ, стæй бæхтæ дæр,
тæригъæд сты... Ам цы зымæг зоны, уый бæрæг нæу æмæ холлаг
æрцæттæ хъæуы. Зымæг уазал куы нæ уа, уæддæр суг бахъæу-
дзæн. Хъæд нæ уæлæ ис æмæ нын суг конд куы уаид, уæд зымæг-
мæ схус уаид æмæ нывыл судзид, науæд хуылыдз сугты цъыс-
566
цъыс æмæ хид мизынмæ кæс!.. Худинаг нын уыдзæн, зымæг нæ
æдзæллагæй куы ’рæййафа, уæд. Анымайут лæппутимæ: иу-æртæ
боны сугтæ куы ракæнат, уæд цыма хуыздæр уыдзæн.
Цорæйæн уый бардзырды хуызæн уыд, стæй йæхи зæрдæмæ
дæр фæцыд æмæ Базыримæ се ’фсады акодтой хъæдмæ, уым æртæ
бонмæ хъæуваг суг ракодтой... Ныр Сырдоны зæрдæ ницæмæуал
æхсайдта: кæд ма исты нæ бакодтам, уæддæр нырма рæстæг ис.
Сылгоймæгты дыргъ хæссыныл сардаудзынæн, фæсивæды цуаны
цæуыныл æмæ кæд нæ зымæгдзæл бакусиккам, тыхст æмæ мæгуы-
рæй нæ арвитиккам нæ зымæг... Стæй нын уæд фидæнмæ æнцон-
дæр уыдзæн... Уæдмæ адæм бæстыхъæд базондзысты æмæ алчи
йæ куыст кæндзæн, искæмæ æнхъæлмæгæс нал уыдзæн, чи зоны,
сæхæдæг ноджы хуыздæр исты фæндиæгтæ бавдисой æмæ ба-
кæной...
Иу фæссихор Сидахъ, Фатакуй, Урскъах хъазгæ адымдтой
фæсхъæу быдырмæ, Сырдон сæм дардæй йæ цæст дардта æмæ
фæлмæцыд иунæгæй, фæлæ сæ фæдыл цæуынмæ фæзивæг кодта —
тагъд цæугæйæ нырма йæ сæр рысти. Уæддæр сындæггай рацыд
хæдзарæй æмæ йæ фæндаг æркодта, йæ сæр кæм фæцæф, уыр-
дæм... Ме ’муд мæ цы кæрдæджы туаг сыф æркодта, уый цымæ
цы уыди?.. Аракæс-бакæс кодта Сырдон æмæ базыдта уыцы кæр-
дæджы сыф, фæлæ йæ уæддæр æвзагæй басгарын хъæуы. Аууылдта
иу сыф æмæ тæккæ дæр уый у — туаг, хæрзад, донджын... Но-
джыдæр дзы ахордта Сырдон æмæ йæ зæрдæмæ фæцыди. Фари-
тæн дзы ахæссон, чи зоны, уыдон зæрдæмæ дæр фæцæуа æмæ-иу
ыл сæхи аирхæфсой...
Сырдон кæрдæджытæй иу дæстæг ратыдта æмæ хъуыды кæны:
цымæ уыцы ус та цы баци?.. Хæрзаг æнхъæлы, Сырдон мыл куы
амбæла, уæд мæ æргæвддзæни! Æдылы сæрхъæн!.. Уый æнхъæл
дзы нæ уыдтæн, æндæра мæхиуыл цæф æруагътаин! Зонд-зонæн
мын уыдзæн... Æдыхмæ дæр исты фæндтæ вæййы æмæ дзы дæхи
хъуамæ хизай... Уагæры йæ лæппу та цавæр зæринбецыкк у, лæг-
марынмæ кæй тыххæй æрцыд?.. Сырдон араст уыцы ус æмæ йæ
сывæллоны фенынмæ. Зыдта йæ дардæй, сидзæргæсты хуынды
дæр æй федта, фæлæ ам кæй цуры æрцард, уый нæ зыдта. Иу
парна хъуг ын уыд æмæ йæ кæд уымæй базонон, йæ уæрдоны цур
баст хъуамæ уа. Зилы Сырдон хъæуы астæуты, — сидзæргæсты
астæуæй æрцæрын кодта, — аивтæй сгары, кæм уыдзæн уыцы
хъуг?.. Æрæджийау æй суыдта æмæ комкоммæ уæрдоны цурмæ
бараст. Иу чысыл лæппу хъазыд къæцæлтæй уæрдоны фарсмæ
æмæ Сырдон йæхи рæтæнагъдыл æруагъта. Ницы дзуры лæппу-
мæ, иу сыф та йæ дзыхы баппæрста æмæ уый æууилы, йæ цæст
567
хæссы лæппуйыл. Раст Сидахъы цахъхъæн уыдзæни, цæй саби ма
у, æмбаргæ лæппу, хæрдыл афтæ æнцонæй не скæудзæни, фæлæ,
æвæццæгæн, буц ахуыр у... Лæппу дæр йæ хъазын фæуагъта æмæ
дзагъырæй кæсы уазæгмæ... Æрæджийау суæндыди дзурын:
— Дæхæдæг куы хæрыс, уæд дзы мæнæн цæуылнæ дæттыс?..
Гыцци афтæ фæдзуры, иунæгæй хæрын, дам, худинаг у.
— Дæ хорзæхæй, кæд дæ хъæуы, уæд рацу æмæ хæр, — Сыр-
дон æм бадардта кæрдæджы губакк. Лæппу дзы иу сыф ралвæста
æмæ йæ аууылдта.
— Цыдæр адджын у, — загъта лæппу æмæ ма дзы иу сыф рал-
вæста.
— Адджын нæу, хорз лæг, туаг у, — бараст æй кодта Сырдон.
— Æцæг туаг у, фæлæ дзæбæх туаг, хæрынæн бæззы... Кæм
сæ æртыдтай?
— Уалæ уæ хъуг кæм ныззад, ныр дæр ма уæ род кæм ис,
уыцы ран...
— Уый зонын, уырдæм æз дæр сфæраздзынæн æмæ дзы æр-
тондзынæн...
— Цалынмæ ды тонай, уæдмæ уал дын мæнæ мæнуæтты æрдæг, —
Сырдон дæстæг дыууæ дихы фæкодта æмæ дзы иу лæппуйæн рад-
та. — Фæлæ афтæ фехъуыстон, ды дзидза хæрын уарзыс?..
— Дзидза дæр уарзын, фæлæ æхсыр ноджы фылдæр, — раппæ-
лыд лæппу.
— Кæд дзидза уарзыс, уæд мæнæ уæ хъуджы сæргæвд æмæ
дзидза!
— Сæргæвд!.. Огъ, æмæ ма мын уæд æхсыр кæм уыдзæни?..
— Уæд та дын мæнæ ме ’нгуылдз радтон æмæ йæ хæр!..
— Цы нæ зæгъдзынæ, уазæг!.. Исчи ма лæджы фыд хæры?..
— Ис ахæмтæ дæр, хорз лæппу, хæрынц!..
— Уæд уыдон бирæгътæ сты!..
— Раст у, бирæгътæ сты, уæдæ не сты, фæлæ хæрынц...
— Уыдон... Уыдон... — лæппу цыдæр зæгъын фæлвары, фæлæ
йæ чысыл зондмæ ницы дзырд цæуы æмæ уæд фæхъæр кодта, —
уыдон куыйтæ сты!..
— Иттæг раст зæгъыс, куыйтæ сты!.. Æмæ сæ макуы бафæзм, —
зæгъы Сырдон.
— Уыдон?.. Æмæ ма уæд æз цæй Сослан уыдзынæн?!
— Дæ ном Сослан хуыйны?
— Уæдæ нæ хуыйны! Æз нарты Сослан дæн, гыцци мыл сæ-
вæрдта ацы ном, хорз лæг, дам, уыди æмæ, дам, ды дæр, чи зоны,
ахæм рацæуай!..
— Фæлæуу-ма, уæд дæ мад та цы хуыйны?..
568
— Уый та — Сатана. Ахæм хорз ус дæр уыди нартæм æмæ
гыццийыл уый ном сæвæрдтой...
— Хорз нæмттæ сты, — бакодта Сырдон æмæ нырхæндæг, нал
æй фæндыд дзурын.
— Цы, дæ зæрдæмæ нæ цæуынц? — цымыдисæй фæрсы лæппу.
— Цæуынц, фæлæ номæй лæг хорз нæ кæны. Хорз лæг куы нæ
расгуыхай, уæд дын нарт дæ хорз ном баивдзысты æвзæрæй...
Фæлæ ды цыма хорз лæг рацæудзынæ...
— Æцæг зæгъыс?.. Мæ ном дæр мын нæ байсдзысты?..
— Нæ байсдзысты, мæ хур. Æрмæст хорз лæг рацу æмæ ма
дæм исчи сыбыртт дæр скæнæд!.. Дæ мад дæр хорз ус у, фæлæ
йын зæгъ, дæ къух, дам, æдзух хъилæй ма дар!.. Лæгæн дæр уый
æдылыйы гакк у, усæн та — сау худинаг!..
Сырдон сыстад æмæ йæм лæппу исты сдзурын нал бауæндыд,
фæлæ ма йæ бафарста:
— Фæлæуу, æмæ мæ куы фæрса, чи уыд уыцы дзурæг, уæд цы
зæгъон?..
— Зæгъ-иу, уазæджы ном — Къæбутдзæф, — загъта Сырдон
æмæ рацыд. Лæппу сагъдауæй лæууыд æмæ касти Сырдоны фæс-
тæ: Къæбутдзæф!..
Хосгæрдæны размæ хуыцаубон куы ’рцыд, уæд хистæртæ —
Алафарн, Армимаз, Сугъар æмæ Сагсур сфæнд кодтой Сырдоны
марæгæн тæрхон рахæссын, ома йыл хъоды бакæнæм: цæрæд не
’хсæн, фæлæ йæм дзургæ ничи кæндзæн, йæ тæфтыл ничи цæу-
дзæн, йæ фос ын хъæуы фосимæ нæ уадздзысты, йæ хойраджы
хъæстæ ничиуал фæуыдзæн!.. Адæм иууылдæр æмбырдтæ кодтой
хъæуы астæу, Ныхасы бынат кæм равзæрстой, уым... Сырдонæн
барæй ницы загътой — уый нæ фæнды, фæлæ ахæм фыдми бари-
наг нæу!.. Сырдоны маргæ кодта, æмæ хуыздæр уыдзæн, уый куы
нæ уа ныхасы... Уый йыл нæ хъаст кæны, адæм æй зылын кæ-
нынц!..
Сырдон ницы базыдтаид, хæдзары бадт æмæ Сидахъимæ æх-
сырфытæ цыргъ кодта, — сом иумæ цæудзыстæм кæрдынмæ æмæ
дæу дæр сахуыр кæндзынæн!.. Фæлæ Фари фæци æмбырды,
фæтæригъæд кодта сидзæргæс усæн æмæ базгъордта Сырдонмæ.
— Баба! Ныхасы Алафарнитæ иу сидзæргæс усæн цыдæр тæр-
хон хæссынц, æвирхъау цыдæр, дæу, дам, мардта, æмæ ма сæм
бацу, ус мардæрдиаг кæны æмæ тæригъæд у, иунæгæй куыд цæр-
дзæнис?!
— Мæн, дам, мардта? — ныттызмæг Сырдоны цæсгом. — Куы
сын загътон, ныууадзут æнамонд усы, уæд ма сæм цы рауади?..
Сырдон сыстад, Сидахъæн — бафснай сæ, мæ лæппу, — загъта
569
æмæ фæцæуæг Ныхасмæ. Адæм хистæрты дзыхмæ кастысты æмæ
Сырдоны ничи фæфиппайдта. Уый йæ марæджы кæугæ баййæфта:
— Хицæн мæ цæмæн кæнут? Куы йæ зонут, иунæгæй нæ фæ-
цæрдзынæн?.. Фæлтау мæ сындзын арты басудзут æмæ фервæзат
мæ фыдбылызтæй, æрмæст мын мæ иунæджы ма бафхæрут, схæс-
сут æй уæхи хъæбулау, мæн та æвирхъау мард акæнут!.. Зонын
æй, азымджын дæн, разы дæн цыфæнды мæлæтыл, æрмæст —
хъоды нæ, ма бацæут ахæм тæригъæды!..
Сырдоны зæрдæ ныккæрзыдта йæ тæригъæдæй æмæ размæ
балæгæрста адæмы ’хсæн, хистæрты цур æрлæууыд æмæ сæм ба-
дзырдта:
— Нæ буц хистæрт, кæд æмбæлы, уæд мæнæн дæр иу дзырды
бар...
Алафарнæн хъыг уыд Сырдоны æрбацыд: нæ йæ уадздзæн
æфхæрын æмæ ахæм фыдмийæн та барæн нæй!.. Йæ маст нæ рав-
дыста æргом, æрмæст тызмæг хъæлæсæй афтæ бакодта:
— Дзур, дæ хорзæхæй...
— Хорз адæм!.. Нарты Ныхасы бирæ федтон искæй хъаст æв-
зарыны хабæрттæ. Гъе æмæ-иу дзы фыццаг дзурæг хъæстгæнæг
уыд, æфхæрд чи баййæфта, уый!.. Хъæстгæнæг нæй, уæд дзы
тæрхон дæр нæй!.. Уый хуымæтæджы фæтк у нæртон Ныхасы
æмæ йæ абон цæмæн халæм? Чи у ам хъæстгæнæг?.. Ничи!.. Раст
у, мæнæ Æхсæртæггаты Сатана, мæ хойы æмном, мæн бафхæрд-
та... Сылгоймаг уæвгæйæ, йе ’фсымæрмæ марæн дур систа... Уый
худинаг у уымæн дæр æмæ не ’ппæтæн дæр!.. Куыд фехъуыстон,
афтæмæй йæ азымыл йæхæдæг дæр сæтты... Цы ма дзы домæм
æндæр?.. Цæй, амарæм æй æхсæны дурæй, æмæ цы? Нæ худинаг
уымæй бамбæрздзыстæм?.. Науæд мæ сæры цæфæн йæ фæд нал
фæзындзæн?.. Сындзын арты йæ басудзæм!.. Йæ фæздæг æнус-
тæм нæ цæсты раз куыд лæууа æмæ нын нæ зæрдæ куыд къаха —
хæрамзæрдæ адæм уыдыстут æмæ мæ бахордтат!.. Уæд азыймаг
мах уыдзыстæм, уый нæ фæлæ... Стæй ма уæд цы цæсгомæй кæс-
дзыстæм йæ иунæг лæппуйы цæсгоммæ?.. Сидзæрæй, йæ кæуын-
дзæг былалгъыл, афтæмæй цæмæн хъуамæ зила не ’хсæн йæ са-
бийы бонты? Чи райсдзæн йæхимæ утæппæт тæригъæд?.. Стæй
цæмæн?..
Æфхæринаг кæй у Сатана, уый æз дæр хорз зонын: æфхæрд
ам кæд исчи у, уæд æз дæн, æмæ йæ зонын... Фæлæ хъоды та
мæлæтæй стырдæр æфхæрд у æмæ уый не ’мбæлы ме ’рвад Сата-
намæ... Æмæуый кой ныууадзæм, — фæлæ йын æндæр исты ’фхæрд
радтæм, зæгъгæ, мæн фæрсут, уæд ын ахæм тæрхон рахæссин: иу
уый, æмæ цы усы ныццавта мæ ивддзаг, уый бæсты хос æмæ хор
570
æркæрдæд, ницы йын уыдзæн, уæйыг ус у!.. Дыккаг уый, æмæ йæ
хъуджы род, сидзæргæстæй хъуг кæмæн нæй, уымæн раттæд,
йæхæдæг, йæхи зондæй, цæмæй дыууæ азмæ уыцы хæдзары хъуг
уа; æртыккаг уый, æмæ æхсыр цы сабитæн нæй, уыдонæй иуæн
алы бон дæр иу къоппы дзаг æхсыр дæттæд!.. Цыппæрæм та уый,
æмæ туджджын мæнæй у, æмæ йын æз мæ цæф æмæ мæ туг гæ-
дзæ кæнын, фæлæ худинаджы ми кæм бакодта, уым хистæртæй
дæр æмæ адæмæй дæр хатыр ракура, стæй ацы хатт, мæнæ фæз-
зæджы куы схъæздыг уæм, уæд хистæртимæ иумæ фæхонæд, кæй
бафхæрдта уыдоны дæр: цы усы ныццавта, уый, Сагсуры æмæ
мæн.
Сырдон йæ худ ныккодта æмæ адæмы кæронмæ рацыд...
Сатана æрдиаггæнгæ бацыд хистæрты размæ æмæ йæ кæрдæн
систа, сæ разы сын æй байтыдта:
— Адæм! Хистæртæ!.. Æз уе ’хсæн цæрыны аккаг нал дæн,
фæлæ мын мæнæ Сырдон мæ зæрдæ скарста æмæ рафæлдæхта...
Бахатыр мын кæнут, фæлæ æз мæ цæргæбонты иу рæвдыд ныхас
никæмæй зонын, схуыст æмæ рæхуыстæй дарддæр... Ныддур мæ
зæрдæ маст æмæ æфхæрдæй, æмæ мæм дуне — хæрам, адæм би-
рæгътæ кастысты тæккæ абонмæ... Чысылæй мæ цыдæр æнхъæл
уыдысты — Сатана мыл фырбуцæн сæвæрдтой, фæлæ мæ ницы
рацыд, мæнæ гуымиры уаргъы бæхæй дарддæр... Чи зоны, иууыл
мæ аххос дæр нæу: иу зæрдиаг ныхас мæм никуы ничи скодта, мæ
лæгæй дæр схуыст æмæ фидисæй дарддæр ницы зыдтон, æниу
рухсы бадæд... Гъе, æмæ, чи зоны, цы дæн, уымæй хъуамæ фыд-
дæр уаин... Абон фыццаг хатт фехъуыстон Сырдонæй сæрылдзу-
рæн ныхас æмæ мæ уд — йæ къæхты бынты фæхъхъау!.. Уымæ
мæ арм куы фæхъил кодтбн, уæд бæргæ мæхи куы амардтаин!..
Ныр мæ куы амариккат, уæддæр мæрдтæм рæвдыдæй бацæуин...
Зонин мæ зæрдæйы рæбын, Сырдон мæ сидзæры дæр нæ аппар-
дзæн, акæндзæн æй æмæ йæ йæхи хъæбулау схæсдзæн... Сырдон,
мад-фыды удæст мын ныккæн мæ фыдми, мæ худинаджы ми!..
Мæ зæрдæйы цы маст æмæ хæрам уыд, уый ныллæмæрстай æмæ
дзы хæрзвæндиагæй дарддæр ницыуал ис.
Сатана систа йæ кæлмæрзæн, йæ цæсгом дзы бамбæрзта æмæ
йæ цæссыгтæ сæрфгæ рацыд адæмы кæронмæ. Адæм ын иууыл-
дæр тæригъæдмæ фесты æмæ сæ нал фæндыд, хистæртæ ма йын
исты карздæр æфхæрд рахæссой, уый. Алафарн уый хатыд æмæ
асусу-бусу кодта йе ’мгæрттимæ, стæй радзырдта:
— Хорз адæм! Мæнæ хистæртæ бауынаффæ кодтой æмæ сразы
сты Сырдоны тæрхоныл... Æвæццæгæн, Борæты чындзæн фаг у
уыцы ’фхæрд, Сырдон кæй загъта... Бакæнæд сæ йæхæдæг, мах
571
æм абонæй фæстæмæ нæ раздæры зæрдæ дардзыстæм, хæрам дзы
нал и, фæлæ йæ уый дæр хъуамæ йæ зæрдыл дара æмæ бамбара: а
дунейыл хæрам æмæ быцæуæй цæрæн нæй!.. Иу дзыллæ, иу сых-
бæстæ стæм æмæ нын кадæй-радæй цæргæ у, кæрæдзи тыхст æм-
баргæ æмæ кæрæдзи уарзгæйæ...
Сырдон уый куы фехъуыста, уæд йæ зæрдæ барухс, æрфæл-
мæн æмæ ахъуыды кодта: зондджын хæрæг у Алафарн — базыд-
та адæмы зæрдæхатт æмæ хъуыддаг аив балхынцъ кодта... Хорз
лæг у!..
Сырдон йæ къухтæ йæ синтыл сæвæрдта, афтæмæй бафардæг
сæхимæ, фæлæ йыл уым Фари йæхи баппæрста кæугæйæ: «Баба,
исты сарæзтай?..»
— Сарæзтон, мæ чызг, сарæзтон! — зæрдиагæй æрбахъæбыс кодта
фыццаг хатт Сырдон йæ кæнгæ чызджы. «Ай дæр нырма рæвдауи-
наг саби куы у æмæ йæм æз ас лæджы цæстæй куы кастæн!..» —
йæхицæн бауайдзæф кодта Сырдон. — Ма йын тæрс, мæ чызг.
Ныггæдзæ йын кодтам йæ митæ. Цæрдзæн не ’хсæн, куыд цард,
афтæ, чи зоны, ноджы хуыздæр!.. Ныр зонд кæд базонид, йæхи-
цæн дæр æнцондæр уаид æмæ адæмæн дæр... Йæ лæпиуйы та йын
ацы хатт ардæм дæр æрбакæн, уадз æмæ Сидахъимæ ахъазой, на-
уæд уый иууыл йæ мады фæдджийыл хæст у, æмæ тæригъæд у.
— Æцæгзæгъыс, баба?.. Афтæ ’нхъæлдтон, тынгмæсты сæм дæ...
— Мæсты?.. Æнамонд сидзæргæс усмæ мæсты?.. Уанцон нæу,
Фари?.. Ахæм хæрам лæг мын æнхъæлыс?.. Тæригъæды аккаг у,
фæлæ мæсты?.. Нæ, мæ чызг, нæ. Мæсты дзы нæй... Ныггæдзæ
йын кодтон æмæ ныр мæ зæрдæ æнцой у.. Цу, адым, кæдæм дæ
фæнды, уырдæм... Хъаз, æрмæст Сидахъитæм дæ хъус фæдар, æз
чысыл æрулæфон...
Нæртон дзыллæйæн Сатанайы тæрхон цыдæр ног æнгомдзи-
нады хос фæци. Иуæй сæ фæндыд: Сатанайы бафхæрын хъæуы,
ахæм фыдмийæн барæн нæй — сылгоймаг йæ арм райста дзыл-
лæйы хистæрмæ!.. Стæй цæй тыххæй?.. Хæрзиуæг ын кæй кодта,
уый фæдыл... Афтæмæй хъæубæсты цæрæн нæй!.. Иннæмæй та
тæригъæд кодтой: иунæг сылгоймаг, цы хъуамæ фæуа йæ сабии-
мæ?.. «Дæ бон хорз» ын куы ничиуал дзура, рыны бардуагау æм
чъылдымыздæхт куы уой адæм, уæд цы кæндзæн?.. Стæй йæ саби
дæр цы хуызæн лæг рацæудзæн?.. Нæ, афтæ дæр раст нæу!..
Нæртон дзыллæ æмткæй иу мæгуыр сидзæргæсмæ æргуыбыр сты!..
Ацы дывæндæй сæ Сырдон йæхæдæг кæй фервæзын кодта, уый
сын, ног зæрдæхцон радта: цыма кæрæдзи ногæй базыдтой, уыйау
арфæтæ кодтой Сатанайæн дæр æмæ кæрæдзийæн дæр — зæр-
дæйæ æмбæрстой, цыдæр иумæйаг æвзæрдзинадæй фервæзтысты
572
æмæ, фæстинон адæймагау, цин кодтой кæрæдзийыл дæр æмæ
дунейыл дæр. Цæрын сæм ныр цыма хуыздæр касти, афтæ уыд сæ
зæрдæйы уаг. Æмæ æртыккаг бон, бæрæгбонмæ цæуæгау, араст
сты хос кæрдынмæ лæгæй-усæй. Иууылдæр æхсырфæй карстой
бæрзонд кæрдæг. Диссаг сæм каст — бирæ рæтты кæрдæг хуымы
’фсиртæй бæрзонддæр уыд, стæй бæзджындæр. Æмæ кæрд дæ
зæрдæйы дзæбæхæн, ерыс кæн лæгтимæ дæр. Æхсырфæй усты-
тæн сæ фылдæр лæгтæй хуыздæр арæхсти æмæ сæ мæстæй мард-
той, худтысты, хъазыдысты.
Уæлдай уæнгрог æмæ зæрдæргъæвдæй куыста Сатана. Фер-
вæзт йæ дуарахæстæй ацал-ауал азы! Афтæ каст йæхимæ, цыма
нырмæ адæмы рæгъы никуы рацыди, дунемæ йæ рудзынджы къуы-
мæй каст æмæ бæрæг кодта: чи мын цы фыдбылыз бакæнинаг у?..
Йæ хъæстытæ никуы никæмæн ракодта, ничи дæр ын йæ зæрдиаг
ныхас загъта. Уызынау йæ хъисты дзыгуырæй касти дунемæ æмæ
йæхи хызта алкæмæй дæр. Хæрзиуæгæнхъæл никæмæй уыд, ни-
куы дæр йæхæдæг бацыд искæмæн хæрзиуæджы... Ныр æндæрæ-
бон йæ мæстытæ фæдзырдта нартæн се ’ппæтæн, уайдзæф дæр
сын кодта, чи æмбæрста уымæн: гормæттæ, уе ’хсæн куы схъомыл
дæн, мæ бонтæ уемæ куы тонын, уæд мын иу рæстмæ ныхас цæ-
уылнæ схай кодтат ауал азы, æви уæ цæст нæ уарзы, æви уæм
бирæгъы царм æрхастон?.. Йæхи цаудыл дæр æргом басаст, йæ
фыдмитыл дæр фæфæсмон кодта. Гъе æмæ йæ зæрдæмæ цыдæр
рухс бакаст, йæ уæнгтæ срог сты, цыма йын нырмæ сахсæнæвæрд
уыдысты æмæ ныр феуæгъд уыцы хъизæмарæй, уыйау. Ныр йæ
иууыл хуыздæр фæндиаг сси — истæмæй куы равдисид йæхи, нарт
афтæ куыд зæгъой: нæхи чызг у, уæгъды йæ тыдтам æвзæрæй,
дзæгъæлы йæм зул цæстæй кастыстæм!..
Нæртон сылыстæгæй æхсырфæй арæхстджын бирæ уыд, фæлæ
ныр се ’ппæты разæй хуымы кæрон бæзджын кæрдæджы стыр
куыристæ карста, баста ’мæ уагъта Сатана. Уæнгджын æмæ тых-
джын ус кæй у, уый йæ уындыл дæр зынди, фæлæ гуымиры амад
ус афтæ цырд æмæ арæхстджын уыдзæн, уый æнхъæл ничи уыд
æмæ йыл дис кодтой, сæхинымæр та буц уыдысты — нæ йæ асырд-
там не ’хсæнæй æмæ ныр иумæ уыдзыстæм, уонгцух нæ фæци иæ
армыдзаг адæм!..
Устытæй ничи æййæфта Сатанайы, йæ куыристæ та, йæхийау
ставд æмæ пух уыдысты, цыма дыгай куыристæ баста иумæ. Лæг-
тæ хицæн фæлтæр хастой æмæ уым та разæй Сагсур цыди, хъазгæ
баста «уæйыджы куыристæ».
Сатанайы тынг фæндыд Сагсуримæ бафидауын. Сырдонмæ йæ
ныфс нæ хаста, — мæхи йæ разы ницæмæй сраст кæндзынæн, —
573
фæлæ мæ ацы хъæрæу уæйыг йæхæдæг ныццавта æмæ дзы цы
къул-къул цæуын?..
— Е-ей, уæйыг!.. Ам дын лæдзæгæй риуыгътытæй нæу!.. Кæд
æцæг уæйыг дæ, уæд ма ардæм æруай æмæ афæлварæм... Науæд
дæ лæдзæг тар хъæды бæласæй стырдæр у æмæ уымæн цы мæ бон
у, — мæстæймарæгау кæны Сатана.
Сагсур ахъуыды кодта, бафиадуон, кæм ма мын уыдзæн ахæм
фадат?.. Стæй азымджын, раст зæгъгæйæ, мæхæдæг дæн, цæвгæ
йæ æз ныккодтон, æмæ ма йын цы бустæтæ кæнон?..
Иу куырис ма абаста Сагсур, стæй йæ рахиз къух æд æхсырф
схъил кодта:
— Е-ей, нæртон Сатана!.. Фæцæуын дæм, фæлæ нæ фехъуыс-
тон ма зæгъ — фæстейæ куы баззайай, уæд иу хуынд дæуыл!..
— Рацу, рацу, уый дын — мæ быгъдуан! Дæ фаг мæ къуымты
ницы разындзæн, фæлæ дын иу дзаджджын æхсырдиан скæндзы-
нæн — мæ род хизæггаг! — нæ фæчъил Сатана дæр.
Дыууæ уæйыджы быцæуыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой. Уыдон
фыццаг æнæдзургæйæ, кæрæдзимæ дæрддзæф карстой, фæлæ стæй
баввахс сты æмæ цыдæртæ дзырдтой, фæлæ адæммæ нæ хъуыстыс-
ты сæ ныхæстæ, алчи йæхи куыстыл уыд æмæ сæ уыдонмæ æв-
вахс бацæуынмæ не ’вдæлд.
— Нæртон Сатана, ныххатыр мын кæи, нæ мыл æмбæлд, фæлæ
рамæсты дæн æмæ мæхи нал баурæдтон... Иу азы хуысчъы тых-
хæй йæ хорз хъуджы ничи уæй кæны... Ацы хатт мæ аипп истæ-
мæй сраст кæндзынæн...
— Хатыр дæ æз курын, лæбурæг æз уыдтæн, ды мæ уæддæр
æфсоны цæф ракодтай, фылдæртæ мæм æмбæлд... Фидауын мæ
фæндыд æмæ дæм уымæн фæдзырдтон, æндæра йæ зонын, дæ
бæрц æз кæм ахæцдзынæн. Æцæг мæ фæстейæ ма ныууадз, æндæ-
ра мыл Сырдоны зæрдæ фæхуддзæн — мæ хо уæйыгмæ фæсидти
æмæ фæбынæй!..
— Уæйыджы бын фæуын дæм цас диссаг кæсы, — хин худт
бакодта Сагсур.
— Уымæй дæ гал æгæвдæс, фæлæ мæн афтæ чысыл раздæр
уадз, цыма мæ ды æййафгæ нæ кæныс, мæнæн та мæ бон, аразæй
уон, уый нæу...
Æмæ, æцæг, ничи фæразæй, æмхуызон карстой æвæллайгæ, стæй
фæйнæ фондз лæджы бæрц. Адæм цин кодтой сæ быцæуыл æмæ
дзы чидæртæ æргом дзырдтой: дыууæ ахæм æхсырфджыны ма нæ
куы уаид, уæд дунейы фосы фаг æркæрдиккам дыууæ къуыримæ!..
Гъе уый дын кусджытæ!.. Сихорыл сæм нуазæнтæ æмбæлы!
Хосгæрдæны фæудмæ ма æртæ боны баззад, афтæ сихорафон
574
Сатанайæн йæ галиу къухы кæстæр æнгуылдзыл æхсырф æрба-
ныдзæвыд æмæ йæ туг акалд. Рисгæ йын тынг нæ фæкодта, фæлæ
тугæй фæтарст Сатана, йе ’хсырф æрæвæрдта æмæ рахиз армæй
ныххæцыд æнгуылдзыл, кæд йæ туг нал цæуид. «Æгуыст кæндзы-
нæн...» — бахъынцъым кодта йæхинымæр æмæ акаст, чи йын ба-
бæтдзæн йæ къух?.. Сырдон мын æй бæргæ хорз бабæттид, уый
хуызæн ничи арæхсы иннæтæй, фæлæ йæм куыд бадзурон, худи-
иаг у!.. Æрæджийау йæ къæмдзæстыджы сæрты ахызт æмæ ба-
хъæр кодта лæгты ’рдæм:
— Уæ, ме ’фсымæр, — Сырдон зæгъын йæ цæсгом нæ бахъæ-
цыд, — мæ къух алыг æмæ мын æй куы бабæттис... Науæд æгуыст
фæуыдзынæн...
Сырдон хъæлæсæй базыдта Сатанайы æмæ йæм иу каст фæкод-
та. Йе ’нгуылдзыл ын туджы уадздзаг ауыдта æмæ æнæдзургæйæ
араст устыты фæлтæрмæ. Æркаст къухмæ æмæ стæй афарста:
— Сыгъдæг къухы кæлмæрзæн дæм ис, уæд мæм æй авæр, тæрс-
гæ ма кæн, ницы уыдзæн æнгуылдзæн, фæлæ тагъд кæдæм кæ-
ныс, ард дæ макуы бацæуа, — Сырдон цæстæй кæрдæджы аца-
гуырдта дугъы сыф æмæ йæм йæхи байвæзта. Стыдта иу сыф, йæ
уæлæфтауы мидæггагыл æй адаудта æмæ йæ хъæдгомыл сæвæрд-
та, стæй йæ фидар бабаста, батыхта усæн йæхи къухмæрзæнæй.
Йæ дзыппы тæбындаг фæци æмæ йæ уымæй сасмæлхынцъ акодта.
— Туг банцад, лыг арф нæу, фæлæ сабыргай кæрд, æгæрдæр
фæкуыстай ацы дыууæ къуырийы, ныр баулæф, сом мауал рацу,
стæй та ам нæ уыдзынæ...
— Нæ, ме ’фсымæр, æз цалынмæ дæ урскъах бæхæн мæхи
армæй зымæгваг хос не ’рхæссон уæ кæртмæ, уæдмæ ме ’хсырф
нæ аппардзынæн, — фидауынмæ тырны Сатана, фæлæ Сырдон
цыма ницы хаты, афтæ дары йæхи. — Стæй уымæн æндæр уыдзæн
йæ ад, хус уыдзæн, адджын. Мæнæ йæ хуыцаубоны скуыристæ
кæндзынæн æмæ йæ стæй галтыл æрбадавдзынæн уæ кæртмæ...
— Уый сæр ницæмæн хъæуы, мæ хо. Уый фаг мæхæдæг дæр
суыдзынæн, фæлæ дæхи хæдзармæ æркæс... Гъе стæй иу улæфты
бон та лæппуты æрбарвит мæхмæ, нæ чысылимæ æмбæйттæ сты
æмæ иумæ хъаздзысты, æз та йемæ дзæбæх базонгæ уон, хæрæ-
фырт мын баххæссы.
— Уый дæр хорз зоны... Дзæбæх лæг, дам, у. Хуырхæджытæ,
дам, мын радта æнæхъæн армыдзаг, йæ ном та, дам, Къæбутдзæф
хуыйны...
— Цæй, уыдæттæ ферох кæнæм, — сабыргай дзуры Сырдон. —
Царды цы нæ вæййы... Зондджынтæ дæр рæдийынц, фæлæ йыл
басæттынц æмæ та адæмы ’хсæн рацæрынц... Иунæгæй бирæгъ
дæр нæ фæразы..
575
Иу къуыри ма уыд хуымгæрдæнмæ, афтæ та Сырдон ног куыст
æрымысыд фæсивæдæн — мæнгагъуыстытæ саразын хъæуы мус-
тæн, науæд хоры куыристæ кæм лæудзысты?... Мыййаг, уарынтæ
куы ахæсса, уæд хор фесæфдзæн, куыристæ уымæлы разайдзыс-
ты. Фыццаг уал сидзæргæстæн хъæуы аразын, стæй уæд иннæ-
тæн, нæ ахуыр мауал фехалæм, фарон куыд бадзырдтам, афтæ...
Фæллад уыдысты лæппутæ, стæй иннæтæ дæр. Суанг сæ уал-
дзæджы райдианæй фæстæмæ баулæфыны бон нæ фæци, искуы
иу хуыцаубонæй дарддæр, фæлæ цы гæнæн уыди?.. Чысыл ни-
цæй тыххæй ма сæ зымæджы хъуыддаг куыд ныууагътаиккой æр-
дæгыл. Фæкодтой мæнгагъуыстытæ хæдзæртты цур æмæ ныр нал
тарстысты адæм сæ фæззæджы хорæн. Хуымтæй бæрæг уыди, хор
сæм бирæ æрцæудзæн, сæхи раздæры зæххæй ам зайæндæр уыд,
æмæ кæд уарын нæ райдайа хуымгæрдæны, уæд æй иу нæмыджы
уонг бафснайдзысты æмæ сын стонгæй тас нал уыдзæн. Иу фæ-
цырд ма хуымгæрдæны, æмæ уæд сулæфдзысты сæ бирæ мæтæй,
сæ фæлладæй, сæ фыргуыстæй. Уæдæ цы кæной — лидзæг адæм,
ног цæрæнуат, фæкæсæг нæй, æцæг, нырма нæй хъыгдарæг дæр.
Хуымгæрдæны размæ хуыцаубон райсом Сырдон бадти кæрты
æмæ цыдæр къæдз æнгуылдзы хуызæн къæцæлтæ къахта мидæ-
гæй. Армиаз ын сарæзта ахæм хъæдкъахæн — йæ хæцæн лыстæг
æмæ даргь, йæ бырынкъ иуырдæм зылын, фæлæ сæрдасæнау цыргь,
хъдвыд уайтагъд лыстæг цъæрттæй фелвасы. Къахы Сырдон уыцы
къæдз къæцæлтæ, лæгъзытæ сæ кæны, аивтæ, цыма стыр цыдæр
хæрзиуджытæ сты. Сырдон удæнцой у ныртæккæ: мæнгагъуысты-
тæ арæзт фесты. Хос — карст. Бонтæ — ирд æмæ хурæфсæст.
Хуымтæ — зад, ставднæмыг се ’фсир, сæ нæмыг — тыхнад, мидæ-
гæй урс-урсид, хорз дзултæ дзы хъуамæ цæуа!.. Ныр кæд сæ ра-
кæрдын къухы бафта, уæд сын ницыуал у, цæрынц!.. Ноджы йæ
уарзон адæм йæ алыварс: Фари цыдæр хæринæгтæ фыцы, Сидахъ
æмæ Фатакуй хъазынц йæ фарсмæ. Урскъах сæм фæскауæй кæсы
æмæ сыл худы — хъазынц гыццыл æдылытæ!.. Мах — æз æмæ
Сырдон та улæфæм: уый — бадгæ, æз — лæугæйæ!.. Сырдон йæ
къæцæлтæ амайын, æхсæдын, лæгъзытæ кæныныл афтæ зæрдиа-
гæй архайы æмæ нæ фæхатыд, Сидахъ æмæ Урсдзых йæ разы кæй
балæууыдысты æмæ йæм къæпдзыхæй кæй кæсынц.
— Баба, уый та цы аразыс, — бадзырдта йæм Сидахъ, — мард
лæджы æнгуылдзты хуызæн дын куы сты?..
Сырдон æм ракаст рæвдаугæ цæстæй, фæлæ йæ дзырдмæ фен-
къард: нæ йæ рох кæны йæ гыццийы мæлæт... Йе ’ндзыг къухтæ
лæууынц йæ зæрдыл!.. Иуцъусдуг ницы сдзырдта Сырдон, стæй
йын рахабар кодта:
576
— Адон, мæ лæппу, хорз фæллой уыдзысты...Афтæ сæ схонæм —
æнгуылдздонтæ... Гъеныр, зæгъæм, ды хос кæнæ хуым кæрдыс.
Кæрдæджы дæстæг рацахстай дæ галиу армæй, — Сырдон æвдисы
къух кæрдæджы гуцъулайыл куыд ныххæцы, — стæй рахизæй
æхсырф æрбавæрдтай æмæ дзы де ’нгуылдз æрбачъепп кодтай.
Нæ дын рисдзæн?.. Рисдзæн, стæй дæ кæрдын дæр нал уадздзæн.
фæлæ, зæгъæм, уыцы рæстæджы дæ галиу къухыл конд фесты
ацы æнгуылдздонтæ, — Сырдон цыппар къæдз лыггаджы бакодта
йæ галиу армы æнгуылдзтыл. — Куыд дæм кæсы, дæ къух ма алыг
уыдзæн?..
— Куыд ма алыг уыдзæн, æхсырф сугыл сæмбæлдзæн! — цин
кæны Сидахъ.
— Гъе, мæ лæппу, раст сæ хорз фæллой дæр уымæн хонын —
æнгуылдздонтæ! — Сырдон йæхæдæг дæр цин кæны, ахæм хин
кæй æрымысыд, ууыл.
— Рæсугъд не сты? — афарста Сырдон лæппуйы, уый сæ йæ
чысыл æнгуылдзтыл куы акодта, уæд.
— Тынг дзæбæх дæр ма сты, къæдз, лæгьз, урс...
— Уазджытæ нæ уадзут? — æрбайхъуыст кæйдæр бæзджын
тыхджын хъæлæс.
Усы хъæлæс, Сатанайы хъæлæс куы у, уæд ам цы агуры? —
ахъуыды кодта Сырдон æмæ фестад. Иууылдæр æмхуызон рауа-
дысты уазæджы размæ æртæйæ. Иугæр фысым ам ис, уæд Фата-
куй рæйынвæнд не скодта, фæлæ уазджытæм лыстæггай кæсы: иу
ус, дыууæ лæджы, æртæ галуæрдоны...
— Уый циу, Сатана, æви фæндаг фæрæдыдтæ? — хъазы Сырдон.
— Мур дæр ницы фæрæдыдтæн, — барджыны дзырд кæны
Сатана. — Уый мæнæ Урскъахæн хуын æрбахастон. — Замманайы
бæх, йæ уындæн дæр даринаг! Йæ къæхтыл цыма æхсыры цъæрт-
тæ тыхт ис. — Сатана худгæбылæй кæсы бæхмæ, йæ уындæй рæв-
дауы йæ цæстытæ. Бæх йæ ном айхъуыста æмæ сæм æрбацыди,
хосмæ басмыста æмæ дзы иу бындзыг ратыдта, аууылдта. — Кæ-
сыс, ме ’фсымæр, мæ хуын йæ зæрдæмæ фæцыд!.. Зондджын хай-
уан у, зоны йæ, зæрдиагæй хаст у!..
— Утæппæт ын хæрд та кæд хъуамæ фæуа, цæуыл дæхи фы-
дæбонæй мардтай, — уайдзæф кæны Сырдон, фæлæ йыи æхсыз-
гон у Сатанайы æрхъуыды, йæ бæхыл ын кæй цин кæны, уый
дæр. — Лæппутæ, галты суадзут æмæ аулæфой, стæй уæхæдæг
дæр. Хуыцаубон у... Æнæуый дæр уæ хъуырмæ стут фыдæбо-
нæй... Фари!.. Уазджытæ нæм ис æмæ ныззил къуымты, истытæ
нын фен!..
— Хорз лæппутæ сты, знон мын мæ хостæ ласт фесты мæнга-
37 Сырдоны цæссыгтæ
577
гъуыстмæ æмæ ма сæ батыхсын кодтон, абон ма мын иу цыд æр-
кæнут хъæдрæбынæй...
— Мæ хо, ды уæйыг дæ, уæйыг дæр дæ нæ амбылдта хосгæр-
дæны æмæ лæппутæй уый ма дом. Уыдон нырма æргъиубазыр
сты...
— Ницы сын у, дзæбæх лæппу куыстæй æвзæр нæ кæны!..
Сырдон йæ уазджытæн аходæн бахæрын кодта æмæ цæуынхъ-
ус куы систы, уæд сын бузныг загъта æмæ Сатанамæ та афтæ
бадзырдта:
— Мæ хо Сатана, æз дын мæхæдæг уыдтæн хуын бакæнинаг,
фæлæ ды фæраздæр дæ. Ныр у, æмæ æрæджиауы хуын дæр аппа-
ринаг нæу. Ибонты де ’нгуылдз куы счъепп кодтай, уæд ныхъхъуыды
кодтон: æхсырфы ныхмæ исты æрымысын хъæуы, йæ ком галиу
къухы æнгуылдзтæм куыд не ’ххæсса... Гъе æмæ дын сарæзтон
æнгуылдздонтæ... Бакæ ма сæ дæ хилтыл, кæддæра дын бæззынц,
æз сæ мæхи æнгуылдзтыл барстон æмæ дын стыр ма уой, — Сырдон
радта Сатанамæ цыппар ног æнгуылдздоны æмæ ус дисыл фæци:
цы мæрддаг уой, ахæм куы никуы уыди нæртон уæзæгыл?.. Сæ
арæзт, æцæг, йæ зæрдæмæ фæцыди — бæстон, аив...
— Адон цыдæр диссаг сты, фæлæ йæ мæ зонд нæма ахсы, —
цин кæны Сатана æмæ æнгуылдздонтæ дауы йе ’нгуылдзтыл.
Сырдон къулæй йе ’хсырф райста æмæ йæ радта Сатанамæ:
— Афæзм-ма, куыд фæкæрдыс, уый. — Сатана фæгуыбыр код-
та æмæ цыма кæрдæджы дæстæг слыг кодта, стæй йæ астæу сраст
кодта æмæ дзуры:
— Ай, æцæг, диссаджы дзауматæ куы сарæзтай, ме ’фсымæр!..
Ныр ме ’нгуылдзтæн мур тас дæр нал уыдзæн æмæ ма мыл кæр-
дынмæ чи хъуамæ фæтых уа?! — ноджы та акæрдæгау кодта Сата-
на æмæ стæй цæуылдæр фенкъард. — Ды, ме ’фсымæр, зонгæ дæр
нæ кæныс, цы хорзы бацыдтæ, нæ сылыстæгæн се ’ппæтæн!..
Нæртон уæзæгыл зæфцы фыдæй къæдзкъухæй чи баззад, уыдо-
нæй æз зонын фондз усы, кæй дзы нæ зонын, уыдон та — дæс
ахæмы!.. Уыдонæн æнгуылдздонтæ куы уыдаид, уæд цæнкуыл
уаиккой?.. Тæхуды, дæ хуызæн раздæр куы райгуырдаид нæ уæзæ-
гыл, уæд нæм иу сылгоймаг дæр нæ уаид аипджын!.. Стыр бузныг
дæ стæм, ме ’фсымæр, сылгоймæгтæ се ’ппæт дæр!.. Мæнæн ни-
цыуал тас у, фæлæ ма иннæты кой дæр куы бакæнис!...
— Иннæтæн дæр сараздзыстæм, фæлæ мæнæ зымæджы бонты...
Иннæбон хуымгæрдæн у æмæ мын ницыуал бантысдзæн уæдмæ.
Кæд ма иуы фæлыст... Фæлæ зымæджы бонты сараздзынæн.
— Хуымгæрдæныл ма тыхс... Æркæрддзыстæм, бафснайдзыс-
тæм хæдзæртты, стæй сæ армæй уæддæр базгъалдзыстæм. Нал
578
тæрсын æз æххормагæй!.. Нæртон зæххыл æдзух мæ катай уый
уыд — цы хæрдзыстæм зымæджы дæргъы, ног хорæрцыдмæ... Ам
цыма уыцы мæтæй фервæздзыстæм... Æмæ дæм уæд Хуыцаумæ
кувæгау кæндзыстæм, — ахæм бæстæм нæ чи ракодта... Бузныг!..
Цом, лæппутæ, æгæр ныффæстиат кодтам фысымы... Сырдон, —
ацы хатт Сатана йæ номæй бадзырдта йе ’рвадмæ, — æрмæст иу
хабарыл бадзурæм: изæры мæкъуылтæ амайын æз мæхæдæг, ды
дæр мæм фæкæсдзынæ, фæлæ амайгæ — æз!.. Ды хорз амайыс,
фæлæ æз дæр цыдæр æрымысыдтæн æмæ дын æй равдисон!..
Лæппуйы дæр мемæ ракæндзынæн æмæ мæ ма фæсай, байхъус
мæм ацы хатт!..
— Кæд мын мæ хæрæфырты ракæндзынæ, уæд разы дæн!..
Ацыдысты лæппутæ, галты дæр хизгæ ныууагътой Сырдоны
хæдзары фарсмæ быдыры. Изæры Сырдонмæ, æцæг, фæзындыс-
ты Сатана æмæ уыцы дыууæ лæппуйы. Æрбахастой æртæ хъилы,
ныссагътой сæ хæдзармæ æввахс æмæ сыл цæгтæ-цæгтæй самад-
той хосы куыристæ, стæй лæппутæй иу схызт уæрдоны чъилæй
мæкъуылы сæрмæ æмæ хъилы цъуппыл ныссагъта хъæзы куырис,
йæ дзыккутæ йын мæкъуылы цъуппыл æмхуызон байтыдта, къæв-
дайы дон уыдоныл куыд лæдæрстаид зæхмæ...
— Уый та дын ме ’вдисинаг! — циндзæсгомæй бадзырдта Сыр-
донмæ Сатана. — Загътон, хъæз кæд мæнгагъуыстмæ нæ уадзы
дон, уæд мæкъуыл нæ бахиздзæн уарынæй?.. Хъæзы куырисæн
йæ ком фидар бабастон уæрдæхæй æмæ дзы дон нæ хъардзæн,
æддейы та дзыккутыл лæдæрсдзæн, цъуппæвæрд куы уа, уæд...
Хорз нæ уыдзæн?.. — фæрсы Сырдоны, кæд йæхæдæг нæ дызæр-
дыг кæны, уæддæр.
— Хорз, мæ фыдыстæн! — цин кæны Сырдон, Сатанамæ ахæм
хъуыды кæй æрцыди, ууыл. Сырдон нымайы: лæг иугæр хъуыды
кæнынæн у, уæд удæгас лæг у! Æмæ ис йемæ цæрæн. Фæлæ йæ
зæрдæйы рæбын кæмæн ницы ис хъуыдыйы мурæй, уыимæ цæ-
рын дæр зын у æмæ фынгыл бадын дæр.
Сырдон ма сæ мидæмæ кодта, фæлæ йын нал бакуымдтой...
Не ’рбакодта Сатана Сосланы дæр: бафынæй, бон-изæрмæ лæнпу-
тимæ дугътæ уадзы æмæ бафæллад, мæ цæст æй райхъал кæнын
нæ бауарзта. Сырдон ницыуал сдзырдта, фæлæ ахъуыды кодта:
иугæр лæппутимæ сбæндæн, уæд йæ мады фæдджийæ фæиртæст
æмæ дзы лæг рацæудзæн!..
Ралæууыд хуымгæрдæн. Удисынмæ дæр никæйуал æвдæлд:
бон кæрдгæ кодтой, æхсæв — ласæн. Æндæразы æххормаджы та-
сæй сæ удыл нал ауæрстой: ацы замманайы хорыл цæйнæфæлтау
исты æрцæуа, фæлтау бафæраздзысты фæлладæн дæр, æгъуыссæ-
579
гæн дæр!.. Мæнгагьуыстмæ цы баирвæза, уый мах у, быдыры цы
ис, уый мах нæма у!.. Бон тынг ныффæллайынц, æхсырфæй ку-
сын, цæргæсы ныхау къæдзæй кусын, тынг зын у, фæлæ уæддæр
æхсæв ласæн кæнынц, — изæрæй куыристæ æрумæл вæййынц æмæ
нæмыг уый бæрц не згъæлы ласгæ-ласын!..
Дыууæ къуырийы йæ сæр ничи схъил кодта куыстæй, сабитæ
дæр зылдысты хуымты, æфсир уыгътой, галты хызтой æввахс —
изæры сæ ифтындзын æнцондæр куыд уа. Фосы фæдыл ныр фыл-
дæр сабитæ цыдысты, фыййæуттæ дæр хуымты уыдысты. Дыууæ
къуырийы дæргъы карст фесты сæ хуымтæ æмæ иу бон сæхи ных-
сыны ’фсон аулæфыдысты. Уарынмæ нæма хъавыди арв æмæ иу
боны фæстæ наймæ æрæвнæлдтой... Устытæй чидæр æрæмысыд:
фарон фыццаг ссадæй хистæртæн куывд куы скодтой сидзæргæс
устытæ, уæд ацы аз фыддæр фестæм, уыцы хорз æгъдау цæуылнæ
кæнæм не ’ппæт иумæ?.. Лæгтæм цы кæсæм?.. Уыдонæн сæ цæсгом
нæ бахъæцдзæн, — афтæ цæуы, цыма сæхи хонын кæнынц. Фæлæ
сæ мах æцæг фæхонæм, бирæ сæ ницы хъæуы — къуымæл афыцæм,
дзултæ æмæ хæбизджынтæ ракæнæм æмæ — хуынд цæттæ!..
Загътой æмæ йæ сарæзтой, Сырдонитæ зонгæ дæр ницы бакод-
той, афтæмæй. Фæхуыдтой хистæрты, лæппутæй дæр дыууадæсы
бæрц æмæ устытæ сæхæдæг. Хистæртæ сын фæкуывтой, фæарфæтæ
кодтой, стæй сын сæхи ныууагътой: мæнæ, дам, найгонд куы фæ-
уæм, уæд иумæйаг куывд скæндзыстæм æмæ бирæ фæбаддзыс-
тæм. Ныр та уæддæр устыты куывд у æмæ уæ цы хъыг дарæм!..
Æрмæст Сырдон йæхи барæй фæстейы фæурæдта æмæ сылгой-
мæгтæн ногæй зæрдиаг арфæ ракодта, стæй ныхас иннæрдæм фæ-
зылдта: — Иу къус ма къуымæл ныффæрсыгътаин, уый тыххæй
нæ фæхицæн кодтон мæхи хистæртæй... Фæлæ а дыууæ боны балцы
цæуын æмæ мæ дзырды бон куы нал фæуа. Мæ дзуринаг та уый у,
æмæ нæ хъæды дыргъ бирæ — фæткъуы, кæрдо, æхсынцъы... Ис
дзы мыртгæ æмæ цъуйтæ... Кæм арæхдæр сты, уый мæ хо Сата-
найæн бацамондзынæн райсом, фæлæ уæ фæдзæхсын — ма фæзи-
вæг кæнут. Сабиты дæр уемæ айсут æмæ æртонут... Зымæгмæ
дæр дзы иывæрут, уисæй чыргъæдтæ сбийын кæнут æмæ сæ уым
æвæрут. Фæлтæрæй-фæлтæры ’хсæн чысыл змис куы айтауат, уæд
суанг уалдзæгмæ дæр лæудзысты, нæ бамбидзысты. Æз ам нæ
уыдзынæн, фæлæ-иу Фарийы дæр уемæ акæнут æмæ дзы мах дæр
фæуа... Гъе, æндæр мæ ницы дзуринаг ис, фæлæ мæ ма фæсайут.
Хъуыддаг аразæг та фод мæнæ мæ хо Сатана!.. Зивæг чи кæна,
уымæн аккаг кæй фæуыдзæн, уый мæ уырны! — Сырдон сын йæ
сæрæй акуывта, цыма сын йæ цæфы нос æвдыста, уыйау æмæ
устытæ худæгæй бакъæцæл сты. Сырдон феддæдуар.
580
Сырдоны рагæй фæндыд фæцæуын нарты уæзæгмæ, базонын —
цы баисты, уым чи баззад нартæй, уыдон. Фæндыд æй йæ бинон-
ты уæлмæрд басгарын дæр. Фæлæ йæхиуыл хæцыд, цалынмæ, йæ
фæдыл цы адæмы ракодта, уыдон чысыл фæцæрдхуыз уой, уæд-
мæ. Ныр сын нал тарст æмæ сфæнд кодта фæцæуын!..
Райсомæй Сырдон æцæг ацыд Ныхасмæ. Ныр дзы Сугьары
халагьуды бæсты сæвæрдтой мæнгагъуыст æмæ-иу уырдæм батым-
был сты къæвда бон дæр. Къултæ йын нæ уыд, æрмæст цыппар
цæджындзы æмæ хъæзæй агъуыст. Алафарн æввахс цард æмæ
Сырдоны куы суыдта, уæд æм уый дæр йæхи байста. Уымæн ра-
кодта Сырдон йæ фæндаджы хабар æмæ йын сывæллæтты бафæ-
дзæхста: уым уæнт хæдзары, кæрæдзийыл сахуыр сты æмæ сын
ницы у, фæлæ сæм дæ цæст дар, саби саби у уæддæр..
Уалынмæ Армимаз æмæ Фæрныг, — ныр уый дæр Сырдоны сы-
хаг уыд, — уæхски-уæхск æрбацыдысты — сæхи ирхæфсынмæ. Сугъар
дæр фæзынд хъæуы дæллаг кæронæй, нæ цыди æрмæст Сагсур. Уый
ма кæмдæр фосимæ архайдта æмæ йæ не ’вдæлд. Сырдон раргом
кодта йæ фæндиаг: хъуамæ базона, цы баисты нарт, уым чи баззад,
уыдон... Фена йæ бинонты уæлмæрд дæр... Уыцы коймæ Сырдоны
æмгæрттæ нынкъард сты: иунæг у Сырдон!. Ничи йын ис а дунейыл
æмгарæй хæстæгдæр... Йæ хъæбултæ, йе ’фсин — ингæны... Куыд
ын зæгъæй — ма ацу!.. Нæ сæ фæнды, куы ацæуид: дардвæндаг, цы
бауыдзæн, цы бæрæг и?.. Фæлтау куы лæууид, ныр сæ цард ифТонг-
мæ фæци æмæ куы лæуувд бæргæ!.. Фæлæ байхъусдзæн!..
Се ’ппæты фæндон раргом кодта Армимаз:
— Сырдон, мæ хур, иннæтæн нæ зонын, фæлæ мæн нæ фæнды
дæ ацыд... Дард у фæндаг, кæд фæхæццæ уыдзынæ?.. Æдас дæр
нæу, цы кæндзынæ иунæгæй? Æдзæрæг быдыр, кæм цы ссардзы-
нæ, цæмæй цæрдзынæ?.. Кæд ма æрыздæхдзынæ?.. Дзæбæх куы
уай, уæддæр уалдзæгæй раздæр не ’рыфтдзынæ æмæ ам адæм цы
кæндзысты?.. Иу дзырдæй, кæд дын мæ ныхас исты кæрды, уæд
мæн нæ фæнды дæ ацыд...
— Сырдонæн цæуæн нæй! — цæхгæр алыг кодта Сугъар. —
Фæлтау æз ацæудзынæн. Кæд нал ’рыздæхон, уæддæр нарт цæр-
дзысты. Сырдон ам нæй, уæд та зын уыдзæн цæрын дæр, уынаф-
фæ кæнын дæр... Нæй цæуæн Сырдонæн!
— Раст æз дæр афтæ хъуыды кæнын, — сразы Сугъары фæн-
дыл Алафарн. — Кæд сæр хъæуа, уæд фидæнмæ ацæудзыстæм иу
цалдæр лæгæй æмæ базондзыстæм не ’рвадæлты хабæрттæ дæр.
Ныр нын уый фадат нæй æмæ лæууын хъæуы, Сырдон.
— Йед у, Сырдон, кæд дын æдзæугæ нæу, уæд та дæ разы де
’фсымæр Уæйыгимæ ацу, дыууæйæ уæддæр æдасдæр у... Науæд
581
дæхи доны æппарæгау кæныс æмæ цас раст у? — тыхсы Фæрныг.
— Зæронд лæппутæ, — хъазынмæ здахы ныхас Сырдон, — хорз
æй зонут, мæнæн сымахæй уарзондæр а дунейыл ничи ис. Уæ
дзырд мæнæн Хуыцауы фæндонау у, фæлæ мын лæууæн нæй,
науæд уалдзæгмæ батайдзынæн æмæ баихсидзынæн... Мæ зæрдæ
рагæй дзырдта ацæуыныл, фæлæ загътон: адæм цалынмæ чысыл
æрбæстон уой, уæдмæ мæ къах дæр никуыдæм авæрдзынæн... Ныр
уыцы рæстæг æрцыд æмæ мæ ауадзут... Фендзынæн, базондзы-
нæн æмæ уæм иу-дыууæ мæймæ хабар хæсдзынæн... Тас? Цы тас
мын у? Мæн бæхджын лæг кæй не ’ййафы, уый зонут... Уынгæ-
уынын мыл цæф кæй не ’мбæлы, уый дæр зонут... Нæ фæд-фæд
нæ цæудзынæн, фæсвæдты, комкоммæ, хæхтæм æввахс... Уым фос-
дарджытæ уыдзæн зымæгон дарæнты... Хæрд истытæ амал
кæндзынæн æмæ ныффардæг уыдзынæн... Фæстæмæ дæр афтæ...
Мур тас дæр мын нæу... Куы зæгъын, мæй-дыууæ мæймæ ам уы-
дзынæн...
— Дæ ныхæстæ ныфсытæ авæрынæн бæззынц, — нæ сæтты
Алафарн, — фæлæ йæ зонæм, цы фæндаг у... Уалдзæгмæ куы
’рхæццæ уай, уæд хорз...
— Уæгъды тыхсыс Ала, æз иунгæй бæхæй тагъддæр цæуын
æмæ мын нымад у фæндаг... Хæснаг кæнын: дыууæ мæйæ иу бон
раздæр куы ’рцæуон, уæд ды куывд кæныс!
— Куывд не ’ппæт дæр скæндзыстæм, иу та мæхæдæг хицæ-
нæй, фæлæ куы нæ ацæуис, уый мæ фæнды, хорз лæг, — лæгъстæ
кæны Сугъар.
— Нæ, мæ хур, уытæппæт куывдтæй мæхи æнæхай нæ фæкæн-
дзынæн, — хъазын фæлвары Сырдон. — Тæккæ райсом цæуын,
фæлæ-иу, Сугъар, лæппумæ дæ хъус фæдар, стæй уе ’ппæт дæр.
Фæрныг мæ сыхаг у æмæ уымæн дзурын дæр нæ хъæуы... Зæхх
куы фæсæла, уæд-иу уæ суг æрласын ма ферох уæд!.. Уый та уын
мæ фæдзæхст... Ныр цæуон, Сагсурæн дæр хабар бамбарын кæ-
нон, æндæра мæм фæхъыг уыдзæн.
Сырдон ацыд комкоммæ Сагсурмæ. Бирæ фæбадтысты, фæ-
тæрхон кодтой Сырдоны балцыл. Фæндыд йемæ фæцæуын Сагсу-
ры дæр, фæлæ йын Сырдон йæ фæндиаг басаста:
— Уæйыг, нæ дыууæйæ иу хъуамæ ам уа!.. Ды лæуу æмæ æз
дæр мæ фæндагыл разыйæ цæуон, ардæм мæ зæрдæ ма ’хсайа...
Тæрсгæ мын ма кæн, фæлæ ам — дæ хъару æмæ дæхæдæг!..
Зындæр уыд Сидахъы сразы кæнын, фæлæ уый дæр бакаст йæ
коммæ. Ме ’рцыдмæ хæдзары хицау — ды, галтæм зилдзæн Цорæ,
Урскъах æмæ Фатакуймæ — æрмæст дæхæдæг. Урскъахыл бадын
макæй бауадз!.. Куы ’рыздæхон, уæд та дæ сахуыр кæндзынæн
582
мæ ног фæндырыл цæгъдын!.. Сырдон фыццаг хатт равдыста Си-
дахъæн йæ дыууадæстæнон. Йæхæдæг дæр æй йæ арммæ нал райс-
та, Уастырджиимæ куы бадт Арпаданы былыл, уæдæй нырмæ...
Сидахъмæ диссаг фæкаст фæндырæн йæ уынд дæр æмæ йыл цæгъ-
дæн кæй ис, уый дæр æмæ йæхинымæр нымадта: кæд æрыздæх-
дзæн баба, кæд мæ сахуыр кæндзæн?.. Ницы цыд йæ нымадæй
æмæ комкоммæ бафарста:
— Баба, æмæ уый кæд уыдзæн, кæд æрыздæхдзынæ?..
— Кæд? — ахъуыды кодта Сырдон, куыд дын æй бацамонон? —
Уалæ мæй уыныс?.. Ныртæккæ ихсыд æхсырфы хуызæн у, фæлæ
стæй цæлхыдзаг бауыдзæн æмæ аныгуылдзæн, стæй та ногæй скæс-
дзæн... Нымай, фæндзæм хатт куы скæса, уæд æз æнæмæнг ар-
дæм æрхæццæ уыдзынæн...
— Хорз, баба, æрмæст ма байрæджы кæн, æндæра дæ кæм агур-
дзынæн...
— Иу бон дæр нæ фæфæстиат уыдзынæн, мæ лæппу, мæ цæст
куы ’рттива, уæд! — Сырдон йæ цæст фæдзагъыр кодта Сидахъ-
мæ. — Мæнæ афтæ! — æмæ Сидахъ зæрдиагæй ныххудт.
Загьта Сырдон Фарийæн дæр, фæндаггæгтæ дæр ын нывæрын
кодта хордзены æмæ стæй цæттæ уыд цæуынмæ. Райсом, талынг
ма уыд, афтæ хъавгæ сыстад — сабитæ ма райхъал уой! — йæ хор-
дзен æмæ йæ лæдзæг райста æмæ рахызт кæртмæ. Урскъахмæ
бацыд, цыдæр рæвдауæн ныхæстæ йын фæкодта, йæ фæндагга-
гæй йын иу дзулы ’рдæг бадардта æмæ араст йæ фæндагыл. Фата-
куй цыди йæ цурты æмæ йæ Сырдон фæстæмæ не здæхта, цалын-
мæ бон рухс кæнын нæ райдыдта, стæй йын дзулы иннæ ’рдæг
радта æмæ йын загъта:
— Урсдзых! Ныр фæстæмæ цу. Сырдоны нал æвдæлы, тæхын
мæхъæуы...
Фатакуй раздæхт æнкъардæй. Сырдон цæргæс фестад, йæ
лæдзæг — кæрдæджы хал — йæ дзыхы акодта, систа йæ хызын
æмæ атахт Ардагъуйы ингæнмæ.
* * *
Хур арвастæумæ ссыд, афтæ Сырдон дæр Ардагъуйы ингæны
цур æрбадт айнæджы сæрмæ. Бацыд йæхи хуызы æмæ бæгъæмса-
рæй балæууыд ингæны уæлхъус. Райхæлдта йæ хордзен, дзул æмæ
цыхты къæртт систа: «Мæ разы куыд сты, дæ разы дæр афтæ
уæнт, Ардагъу! Мæнæ нартæй фыццаг æз æрхаудтæн дæ ингæны
цурмæ æмæ дын зæгъын: дæ уд цы адæмы тыххæй радтай дæ
фæстаг хæсты, уыдон иууылдæр сæрæгас, царды фæндтæ кæнынц
583
æмæ дын ацы хатт ногæй рухс зæгьдзысты, мæрдтæй сыл хæрза-
удæн кæн!..» Хæрын не ’рцыд Сырдонмæ. Дзулы цъæл æмæ цых-
ты къæртт ныууагъта Ардагъуйы обауы дурыл, йæхæдæг та цæр-
гæс фестад æмæ йæхи ауагъта Арпаданы былмæ, Уазайы цъуппы
’рдæм. Фондз боны æмæ фондз æхсæвы фæтахт Сырдон. Чысыл-
иу аулæфыд искуы обауы сæр кæнæ бæласы цъуппыл æмæ та-иу
йæ базыртæ айтыгъта фæйнæрдæм... Æхсæзæм бон сæумæраджы
ныххæццæ йæ фыдыуæзæгмæ. Дардæй суыдта Арпаданы уылæн-
тæ (Уазайы къуыпп æм рагæй зынди) æмæ йæ зæрдæ цины малы
аныгъуылд. Фæлæ куыд æввахсдæр кодта нæртон хъæутæм, афтæ
йæ цин, гæбына митау — рагуалдзæджы — тади æмæ руади. Иу
зылд æркодта хъæуты сæрмæ æмæ дзы ницæуыл схæцыд йæ цæст —
нал дæр хæдзар, нал дæр бæлас, нæ адæймаг, нæ фос — ницы,
ницы, ницы!.. Æрмæст æм уæлдæфмæ зындысты, дзуарæвæрд
бутъротау, цæйдæр хъилтæ... Нал уыди йæхи мæгуыр къæс дæр
хъæдрæбын... Æрмæст хъæд лæууыд раздæрау, — æнцой, æдзæм,
фæззыгон бурхъулон дарæсы... Æрбадт йæ хæдзары бынаты Сыр-
дон, йæхи хуызы бацыд, йæ хордзен æрæвæрдта хæдзары сыгъ-
дæттыл, йæ лæдзæг райста, æмæ гуыбыр-гуыбыр, цыма æвиппай-
ды азæронд, уыйау араст йæ мыггаджы Ныхасмæ:.. Фыццаг уыд-
та — зæххы уæлæ сыгъдæттæй конд цъарæвæрд. Сыгъдæтты къæвда
ныххоста æмæ нымгуыдын сты, стæй сыл хур куы сæмбæлд, уæд
дурвидар ныййисты, цъар сæвæрдтой зæххыл æмæ мæрæй кæрдæ-
джы хал нал схауд... Уæлдæфмæ йæм дзуарæвæрд хъилтау цы каст,
уыдон та кæд уыдысты... адæймæгты сыгъдæттæ!.. Уыдои дæр ныд-
дур сты — цæнгтæ фæйнæрдæм æппæрст, дæлгоммæ хаудæй нын-
дæгъдысты сæ фыдæлты зæххыл... Базонæн дзы никæмæн æмæ ни-
цæмæн уыди... Сырдон йæ развæндаг нал уыдта, фæлæ ма хаугæ-
кæлгæ бахæццæ Ныхасы бынатмæ, стæй уый дæр ныххауд дæлгом-
мæ æмæ йæ хъæлæсы дзаг ныббогъ-богъ кодта æнæнымдæй.
Хаттæй-хатт-иу фестад, йæ лæдзæг-иу ныттылдта Уазайы цъуп-
мæ æмæ-иу йæ хъуырæй скалдысты, æлгъыст æмæ фидисæй цы-
дæриддæр зыдта, уыдон:
— Хъахбайтæ!.. Къупритæ!.. Лæджы фыдхортæ!.. Фаджысы
рæгътæ!.. Цæуыл фесæфтат адæмы, цы уын кодтой?.. Афтидсæр
æмæ дзырдмондаг хæрджытæ!.. Цы уын кодтой Хуагом æмæ йæ
кувæг адæм та, цæмæн сæ фæкодтат мыккагыскъуыд?! У-у, куый-
тæ, куыйтæ! Æрра куыйтæ! Агъуыд бирæгътæ!.. Хин æмæ кæлæ-
ны цъымаратæ! Уæ, цъыбыртты сыгъд бауат уæхи зынгæй, кæд
цæуыл фесæфтат ацы адæмы!.. Уæ, мæгуыр мæ бон, ацы сыгъд
æмæмард дуне ма йæхи цæстæй чи федта!.. Фæлтау ацы зынджы
фыццаг мæ сæр куы басыгъдаид æмæ йæ куы нæ федтаин!.. —
584
ныффæлдæхт> ныддæлгом та-иу Сырдон сыгъдон хъæбæрыл æмæ
æрдиаг кодта, фæлæ бæстæ лæууыд æдзæм æмæ æмырæй... Ничи
йæм хъуыста, никæй æндæвта нæртон адæмы сæфт...
Чи зоны, цас фæкуыдтаид афтæ Сырдон йæ уæзæг æмæ йæ
адæмы сæфтыл. Чи зоны, сыстадаид ма æви йæ мыггаджы лæгты
фарсмæ уый дæр пырхкъухæй дæлгоммæ хуысгæ баззадаид. Чи
зоны, куы сыстадаид, уæддæр цы бакæнын йæ зæрды уыди?..
фæлæ иуахæмы йæ хъустыл ауад кæйдæр ныхас:
— Раст дæ къахыл, Сырдон, æрдиаг æмæ сарæй ницыуал ра-
хæсдзынæ...
— Ныууадз мæ, дæ хорзæхæй, чидæриддæр дæ, мæлын мæ
бауадз æмæ дæ мæрдтæм бузныгæй фæцæудзынæн!.. — сдзырдта
Сырдон, æртыккаг хатт æм куы сидтæуыд, уæд. Фæлæ йæм уæд
тызмæгдæрæй сдзырдæуыд:
— Раст дæ къахыл, Сырдон, уый дæм æз дзурын, Уастырджи!..
Ацы хатт дзургæ нæ, фæлæ ма йын йæ цонгыл дæр схæцыдæ-
уыд æмæ Сырдон фестъæлфыд.
— Уастырджи?! — рабадт, стæй фестад йæ лæдзæджы ’нцой...
— Цы дæ ’рхаста ардæм, дæ хорзæхæй, ацы цъыбыртты сыгъд-
мæ?.. Адæм дын уарзон куы сты рагæй фæстæмæ, уæд куыд кæ-
сынц дæ цæстытæ ацы сыгъдонмæ?..
— Цом, Сырдон, иу хатт кæм бадтыстæм, уырдæм, Арпаданы
былгæронмæ, æмæ уым кæндзыстæм нæ ныхас... Ацы сыгъдоны
ран мæм дзурын дæр нæ цæуы æмæ лæууын дæр, — бацыд Уас-
тырджи Сырдоны дæларм æмæ йæ акодта йемæ...
Цыдысты сабыргай. Сырдон, цыма йæ фæндаг æппындæр нæ
уыдта, къуыпп-дзыхъхъ не ’взæрста, уыйау къуырттытæгæнгæ
хылди. Ницы дзырдтой. Сырдон нæ зыдта, цæуыл дзура — йæ
мыггаг сыскъуыд, нарты адæм цъыбыртты сыгъд баисты — цæуыл
ма дзура?.. Уæларвон дунейы ай сæ хуыздæр у, æмæ уый дæр нæ
бахызта адæмы æрвон хæрамæй, цæуыл ма дзура?.. Уастырджийы
та, æвæццæгæн, дзурын нæ фæндыди — лæгæн цалынмæ чысыл
йæ маст нæ фæрог уа, уæдмæ ницы рауайдзæн сæ ныхасæй.
Сыгъдонæй куы рахызтысты, уæд Сырдон фæхатыд йæ къæх-
ты бын кæрдæджы цъуппытæ æмæ йæ цыд фæрæвдздæр. Хъæдмæ
куы бахæццæ сты, уæд Сырдоны хъусыл уайын райдыдта Арпада-
иы нымæр хъæлæба æмæ цыдæр æхсызгон ахъардта йæ буары.
Мæнæ æрбахæццæ сты дæлвæндаг кæлдыммæ дæр: ам бадтысты,
фыццаг куы фембæлдысты, уæд.
— Нæ дæ ферох, Сырдон, нæ бадæн бæлас?.. Æз æй хъуыды
кæнын, дæу фæндыд Хуыцауимæ зондæй хæцын... Загътон дын:
Уый не ’ппæтæй дæр тыхджындæр у æмæ йæ зонд æппындæр
585
ницæмæн хъæуы... Кув ын, йæ разы дæ зонгуытыл лæуу, науæд
дæ цъыбыртты сыгъд бакæндзæн... Ныр æй дæхи цæстæй федтай:
уый йæ бархъомыс дурзæрдæ гуымирыйау кæй бакæны... Æниу
мыл, чи зоны, дæ зæрдæ худы: цæуылнæ бахызтай адæмы сæ хъи-
зæмары мæлæтæй?! Мæ бон нæ уыд, уый мæнæй дæр тыхджын-
дæр у æмæ тыхæй архайы... Мæ бон дзы цы уыд, уый бакодтон,
дæ фæрцы... Ныр, æнхъæлдæн, нæ хъаст кæнут уæ ног цæрæн
бæстæйæ...
Сырдон бамбæрста, Уастырджийы фæнды базонын, цы æмæ
куыд сты, кæй фервæзын кодта, уыцы адæм ног зæххыл? Радзу-
рын хъæуы, бузныг зæгъын хъæуы...
— Хъаст дзы нæй. Стыр бузныг дæ стæм не ’ппæт дæр. Цæрын
райдыдтам æмæ кæд рæхджы нæ къахыл слæууиккам... Фæлæ,
мыййаг, уæллæгтæ ныр та махмæ куы фессæндой, уæд цы кæнæм?..
— Уымæй ма тæрсут... Хуыцау уæ фыдвæд схуыдта æмæ сы-
махимæ быцæу йæ сæрмæ дæр нæ хæссы, уый аккаг не стут!..
Хуыцауы ныхас та иннæтæн арвы цæлхъау у: сыбыртт скодтай,
уæд дæ расхойдзæн уæларвæй æмæ зæххыл, æмбыд кæрдойау,
нытътъæпæн уыдзынæ!.. Удæгас кæй баззадыстут уый базыдтой,
уырдæм куы ныххæццæ стут, уый фæстæ, фæлæ уæ сæ сæрмæ нæ
хæссынц: уæ куывд дæр ницы æмæ уæхæдæг дæр!.. Æниу сæ
фæнды, куы сын кувиккат, фæлæ йæ Хуыцауы раз зæгъын дæр
нæ уæндынц... Ам уæ Хуыцауы зынгæй кæй басыгътой, уый тæ-
сæй... Нал дæр уæ тæфтыл ацæудзысты... Фæлæ Хуыцауæн куы
куват, уæд уыл, мæ нымадæй, ницы ’рцæудзæни...
Сырдон ахъуыды кодта: амæн йæхицæн кувын æмбæлы, бирæ
хæрзты нын бацыд æмæ æбузн лæг та æбузн куыдзæй æвзæрдæр у...
— Хуыцауæн йæ бон у хорзы бацæуын æмæ йæм уæ сæдæ
куывдæй иу куы фехъуыса, уæддæр дзы райгонд ут... Иннæтæй
та цы загъдæуа?.. Хорзы никуы æмæ никæмæн бацæудзысты, фæлæ
фыдбылызы фаг сты, æмæ сæ фыдбылызæй хызт уæвыны охыл,
чи зоны, æмбæлы уыдон ном ыссарын дæр иуæй иу хатт... Ныр-
тæккæ дæхæдæг куы нымадтай: æбузны лæг куыдзæй æвзæрдæр
у... Æз дæр афтæ нымайын... Гъе, æмæ æркæсут, куыд уын хуыз-
дæр у, афтæ бакæнут, æмæ цæрут!.. Дæу дæр ам ницыуал хъуыд-
даг ис... Базыдтай... федтай, фæкуыдтай... Ныр цу дæ адæммæ,
нырма сæ дæ сæр хъæуы æмæ сын дæ хъару, дæ зонд ма бахæлæг
кæн!.. Ам куы уай, уæд дыл уыдонæй исчи фембæлдзæн æмæ дæ
лæдзæджы цæф фаг у сæ иуæн, фæлæ се ’ппæты нæ бадомдзы-
нæ^.. Адæмæй дæр дæ маст исдзысты... Нæ, цæугæ дын у... Цард
аразгæ у æмæ араз!..
— Хорз, дæ дзырд фод... Кувын кæмæн хъæуы, уый базондзыс-
586
тæм, æбузн адæм не стæм... Æрмæст цалынмæ нæ къахыл слæу-
уæм, уæдмæ нæ бирæйыл ма домут, стæй сараздзыстæм фæтк æмæ
æгъдауыл æппæт дæр... Мæ иунæг улæфт ма дæм уый у — рох нæ
ма ныууадз, нæхи дæр, нæ фæстагæтты дæр æмæ дын мыггагмæ
кувæг нæ, фæдонтæ уыдзыстæм!..
— Разы!.. — фехъуыст ма Сырдонмæ, фæлæ йæ цæст зæххæй
куы фæиртæст, ома Уастырджийы цæсгоммæ бакæсон, уæд йæ
разы ничиуал уыди...
Цалдæр боны ма фæрацу-бацу кодта Сырдон йæ фыдæлты
зæххыл. Зылди йæ бинонты уæлмæрдмæ, аивтæ йæ кодта, — кæд
ма йæм æрбафтдзынæн!.. Кæрдоджын æрдузы ницы аивта, уæл-
мæрды алыварс бæлæстæ уырдыг лæууыдысты, сæ сыфтæр сæ-
хмау алы хуызон — кæм нырма цъæх, кæм — бур, кæм — тарбын
сырх, кæркæ-мæркæ ивæнтæ хастой лæджы цæстмæ. Фæкуыдта,
фæхъарджытæ кодта Сырдон йæ миднымæр æмæ стæй загъта:
æцæг, ницыуал саразæн ис æмæ цæуон нæхимæ, адæммæ, уым
мæм æнхъæлмæ кæсынц...
Тахти ныр ныллæджыты, хæхтæй быдыры астæу, йæхи хаста
фæззыгон хъæды дыргъ æмæ халсарæй. Фосдарæнтыл дæр фем-
бæлд цалдæр раны, фæлæ сæм йæхи нæ равдыста: се ’взаг сын нæ
зонын æмæ сын цы зæгъдзынæн?.. Фондз боны мæ йæ хъуыд иу
мæймæ, афтæ æрхæццæ ногæй Ардагъуйы ингæнмæ... Ам арвыста
дыууæ боны. Фæзылд айнæджы фæстæ комы. Хъæд дзы уыд,
дыргъы бæлæстæ бирæ, фæлæ цæрæг нæй... Адæймаг кæм нæ уа,
уым дуне хастау у, — ахъуыды кодта Сырдон, фæлæ æрæджиау
бафтыдта йæ хъуыдымæ: дыккаг мард æрцыд та уый у, адæймаг
йæ къах кæм æрæвæры, уым та йæ хæрам æмæ йæ кæрæфæй дуне
сфыдуынд кæны!.. Æмæ нæй фервæзæн ацы фыдвæткæй!..
Сырдон сæ ног цæрæнуатмæ куы ’рхæццæ, уæд ма йæ иу мæй-
мæ хъуыди æртæ боны æмæ ахъуыды кодта: мæйæ раздæр куы
рацæуон адæммæ, уæд зæгьдзысты — нæ уыди нæ райгуырæн зæх-
хыл, мысгæ кæны!.. Фæлтау уал азилон бæстыл. Фенон нæ алыварс
дуне, хъуамæ дзы искуы уа цæрæг, ахæм дзæбæх зæхх æдзæрæг уа,
уый мæ нæ уырны... Хорз уаид, æцæг, раздæр куы рацæуид адæм-
мæ, устытæ иууыл хъæды, хæссынц дыргь æмæ халсар, æвæрæнтæ
кæнынц!.. Лæгтæ та ныхасы бадынц!.. Цуаны цæуын сæ зæрдæйы
кæрон дæр нæй!.. Ферох сæ æндæразы тыхст... Мæхи аххосу — куы
цыдтæн, уæд Сагсурæн ницы загътон!.. Æниу ын зæгьын цæмæн
хъæуы?.. Науæд Алафарн æмæ Армимаз кæм сты, сæ хъуыдыйы
куыннæ ис, зымæджы къæсæрыл сырддзуан кæй хъæуы?..
Нал фæндыд Сырдоны йæ хъæуы хабæрттæм кæсын. Бæрзонд
систа йæхи æмæ хохы ’рдæм атахт, стыр дон кæцæй цыд, уыцы
587
коммæ. Иу бонцау куы батахт комы сæрмæ, уæд æм разындис
стыр быдыр, донæн фаллаг фарс. Уым донæн дыууæрдыгæй хыз-
тысты фосы дзугтæ. Ног нартмæ дзы æввахсдæр цы дарæнтæ уыд,
уыдонæй иумæ æруагъта йæхи. Федта дзы хорз хъуццытæ æмæ
фыстæ, бæхтæ — стæм, галтæ дзы нæ уыд: æвæццæгæн, æндæр
ран хизынц, хъæутæм æввахс. Фыййæуттыл хуымæтæджы дарæс,
гарзæй сæм ницы ис, фарсыл дарæн кæрдтæй уæлдай. Куыйтæ
дæр бирæ не сты... Æвæццæгæн, сæ ницы тас ис, махау сæм
дзæгъæлдзу адæм нæ бырсынц æмæ уæд тæхудиаг сты!.. Цæр
дæхицæн дæ цонгвæллойæ!.. Хуыздæр цæмæ бабæлла адæймаг —
сæрибарæй кус, зар æмæ цæр!..
Сæххæст Сырдоны ацыдыл иу мæй. Уæларвон мæй та йæ но-
гыл уыд, афтæ фæсаходæн Сырдон стыр доны былыл, Фатакуи-
мæ кæм ахицæн, уым йæхи хуызы бацыд æмæ араст сæхимæ йæ
лæдзæджы ’нцæйтты. Йæ хордзены бын Кæрдоджыны дыргътæй
иу-чысыл, афтæмæй йæ балцы кæронмæ æрхæццæ. Хъæуы кæро-
нæй дæрддзæф ран иунæгæй хъазыдысты Сидахъ, Фатакуй æмæ
Урскъах. Ам цы аразынц, нæхи хæдзары фæстæ цæуылнæ сты,
уым куы у сæ хъазæн?.. — тыхсы Сырдон, фæлæ йæ Фатакуй
суыдта æмæ ныббындз йæ размæ. Сидахъ æмæ Урскъах фыццаг
дисæй кæсынц куыдзы фæдыл, фæлæ йæ иунæг бæлццонмæ уай-
гæ куы ауыдтой, уæд бамбæрстой, уый Сырдон уыдзæн, цæугæ!..
Урскъах йæ иу уæрагыл æрзоныгыл кодта, иннæ къах фæрсыр-
дæм айста æмæ Сидахъ йæ рагъмæ стылд. Уæд бæх сыстад æмæ
лыгъд радта Фатакуйы фæдыл — нæ мын аирвæздзынæ, зæгъгæ!..
Суыдта Сырдон йæ уарзон адæмы æмæ йæ зæрдæйæ айрох сты йæ
фæндаджы мæстытæ, цины рухс æм бакаст: афтæ гъе, лæппу иу
мæймæ слæг, бæхыл бадын базыдта...
— Баба! Баба! О-о-ой, баба æрцыд! — хъæр кæны Сидахъ, иу
къухæй барцыл хæцы, иннæмæй йæ нымæтхуд тилы.
— Сабырдыр, сабырдæр, Урскъах! — фæхъæр кодта Сырдон,
зоны йæ, бæх лæппуйæ æмбаргæдæр у, лæппу фырцинæй ницы-
уал хъуыды кæны, бæх æмбары хабар.
Фатакуй чысыл раздæр бахæццæ æмæ схызт йæ дзæмбытæй
Сырдоны риуыл. Ныттыхсти йыл Сырдон, йæ рустæ куыдзы мукъ-
уйыл асæрфтытæ кодта æмæ уый уыди сæ салам кæрæдзийæн.
Фатакуй йæхи фæиуварс кодта, ома иннæты дæр бауадзон. Бæх
йæ цыд æрсабыр кодта æмæ Сидахъ зæхмæ æрхызт, Сырдонмæ
йæхи баппæрста. Систа йæ Сырдон йæ хъæбысмæ, кæрæдзийыл
ныттыхстысты æмæ стæй Сырдон бæхы сæр йæ рахиз армæй æр-
бахъæбыс кодта. Йæ уд цины цады ленчытæ кодта æмæ дзы фе-
рох, цæуын æй кæй хъæуы, куы лæппуйæн пъатæ кодта, куы бæхы
588
цæстытæн. Урсдзыхмæ хъыг æркаст — мæн ферох кодтой — æмæ
схъыс-хъыс кодта. Сырдон фембæрста хабар æмæ Сидахъы фæстæ-
мæ бæхы рагъмæ баргъæвта, йæ галиу къухæй Фатакуйы æфцæгыл
ныххæцыд, йæ рахизæй бæхы барцыл, афтæмæй араст сты сæхимæ.
— Ам та цы ми кодтай? — иуахæмы афарста Сырдон Сидахъы.
— Армимаз мын Урскъахы сæфтджытæ рæсугъд кодта, радаргъ,
дам, ын сты, æмæ, дам, ын сæ срæсугъд кæнон... Ныр ын тынг
рæсугъд сты, æркæс ма сæм!
— Уый хорз бакодта Армимаз, хорз лæг у Куырдалæгон, зонд-
джын хæрæг у!
— Хорз у, разы дæн, фæлæ иууыл, иууыл хуыздæр дунейы мæ
баба у! — йæ къухтæ фæйнæрдæм фæхаста Сидахъ, цыма дуне йæ
чысыл æрмтты ныттухынмæ хъавы. Сырдон йæ мидбылты худы
æмæ ницы дзуры...
Сихорафонмæ хистæртæ æрæмбырд сты Сырдоны хæдзары —
ног хабæрттæ базонын хъæуы — цы баисты нæртон дзыллæ, Арпа-
даны был чи баззад, уыдон?.. Æнкъардæй дзырдта Сырдон нæр-
тон дзыллæйы æвæджиауы сæфты хабар, хистæртæ куыд цыдыс-
ты, афтæ алкæмæн ногæй ногмæ æмæ Сугъар афтæ бакодта:
— Хистæртæ, цом Ныхасмæ, адæммæ фæдзурæм æмæ Сырдон
уым радзурæд не ’ппæтæн дæр хабæрттæ. Адæм æнхъæлмæ кæ-
сынц, алкæмæн дæр уым хæдзар баззад, стæй бирæтæн хæстæ-
джытæ дæр, нæ иумæйаг уæзæг уыд æмæ сæ фæнды зонын. Алкæ-
мæн хицæнæй дзургæйæ кæд æмæ кæуыл аххæсдзæн иу лæг?..
Ныхасы адæмæй къух бакæнæн нал уыд æмæ Сырдон бар-
æнæбары хъæрæй дзурын райдыдта:
— Хорз адæм!.. Зæрдæхалæн разынд мæ балц!.. Нал ис нæ
фыдыуæзæг... Ничиуал ис, уым кæй ныууагътам, уыдонæй!.. Рухсаг
уæнт!.. — Сырдон йæ худ систа æмæ лæгтæ иууылдæр бæгъæмса-
рæй хъуыстой йæ дарддæры ныхасмæ. — Иу змæлæг нал ис нæр-
тон зæххыл... Цъыбыртты сыгъд бакодтой уæларв бадджытæ нæ
адæмы, нæ хæдзæрггæ, нæ фос, нæ ис... Сыгьдæтты фæнык уарыны
дон ныллæхъир кодта, стæй хурмæ нычъчъырццæ æмæ къæйдзар
фестад нæ уæзæг... Кæрдæджы хал дæр дзы нал схауд... Уæл-
мæрд, æдзæм уæлмæрд фестад... Хæдзæрттæ — мæлдзыджы къуып-
пытау, лæгты мæрдтæ дæр дзуарæвæрд дуртæй лæууынц, йæ мæ-
лæт кæй кæм æрыййæфта, уым — уынгты, хæдзæртты фарсмæ,
хъæугæрæтты... Ницыуал ис нæ уæзæгыл сыгъды фæнык, дурвæ-
ныкæй уæлдай... Фесæфтысты... Мах лидзæг куы фестæм, уæд
цæмæй тарстыстæм, уый сæдæвæрæй æрцыд...
Адæм, хистæрæй-кæстæрæй, усæй-лæгæй кæуынмæ фесты.
Дзуринаг, фæрсинаг ницыуал уыд, æрмæст цæссыгæй уагъта алчи
589
йæ зæрдæйы хъыг. Сæ хъуыдыйы кæрон æмбæхстæй уыд, æцæг,
райы æнхъæвзæн дæр: хорз уыд, æмæ мах афоныл нæхи райстам!..
Сырдоны цæссыгтæ раздæр фæцыдысты. Уый иу мæйы дæргъы
батыдта уыцы маст æмæ ныр се ’ппæты разæй фæтых йæ хъыгыл:
— Хорз адæм! Уæ цæссыгтæ иумæйаг уæнт нæ сæфт мыгга-
гæн... Нырæй фæстæмæ ахæм фыдбылыз не знагыл дæр макуы-
уал æрцæуæд... Фæлæ цæссыгæй ницыуал рахæсдзыстæм... Афтæ
мæм кæсы, æмæ нæ бæстæ кæм федзæрæг, нæ дзыллæйы хуыз-
дæртæ цагъды кæм фесты, уым ма сын фæстаг лæггад бакæнæм,
æндæр нæ бон ницы у... Хист скæнæм, иумæйаг хист нæ зынг-
хуыст адæмæн!..
— Скæнæм, скæнæм! Æмбæлы! Хъæуы, — схор-хор кодтой адæм
æмæ Сырдон йæ фæндиаг ноджы фергомдæр кодта.
— Дардмæ æргъæвын æй цыма нæ хъæуы. Нæхи барæвдз кæ-
нæм æмæ иннæ хуыцаубон рухс зæгъæм нæ иумæйаг мæрдтæн...
Гъе стæй нырæй фæстæмæ уыцы хуыцаубон уæд æрвыл аз дæр
мæрдты мысæн бон!.. Рухс зæгъæн бон...
Сразы сты адæм уыцы фæндиагыл дæр, стæй сабыргай, къорд-
тæ-къордтæй фæцыдысты сæ хæдзæрттæм. Сырдон дæр Фæрны-
гимæ æрбаздæхт сæхимæ æмæ изæрмæ кодта йæ хæдзары митæ,
хъазыд йæ лæппу, йæ куыдз æмæ йæ бæхимæ. Изæры йæ, æцæг,
абæрæг кодта Сагсур, дарæны уыд æмæ хабар æрæгмæ базыдта.
Радзырдта уымæн дæр хабар Сырдон æмæ стæй æрхæндæгæй
банымадта:
— Дæ адæмы ми ныл æрцыд, Сагсур, быныскъуыд фестæм...
— Хуыцау бахизæд ахæм хабарæй!.. — цæхгæр фæзылд Саг-
сур. — Нарт нырма бирæ сты, стæй — цæрынхъом æмæ цæрдзысты
мыггагмæ!..
— Бузныг дæ зондæй, ме ’фсымæр, раст зæгъыс... Фæлæ нал
сты нæ фылдæр... Нал сты нæ адæмы гуыппырсартæ... Нал ис
Батырадз... Ме ’фсымæр æмæ мæ хо æртхутæг фестадысты уæларв
æрвнæрынгæнæджы къухæй æмæ йын цы мæ бон у?.. Ницы...
Хъæц дæ мастыл, уром æмæ цæр дæ фыдгулы фыдæнæн!..
— Рухс зæгъæг ис æмæ сын хъуамæ ’гъдау радтæм, фæлæ куыд?..
— Ме ’фсымæр, куы цыдтæн, уæд мæ ферох зæгъын... Цуаны
цæуын хъæуы... æндæразау... Нæ фосæн цæгъдæн нæй, уый дæхи
фæндиаг у... Фæлæ хист истæмæй аразын хъæуы, уый фæстæ дæр
нæ фыдызгъæл хъæудзæн æмæ кæм ссардзыстæм?.. Хъæды, æн-
дæр никуы... Ныр дæр байрæджы кодтам, фæлæ фæцырдæй у
æмæ нырма дæр нæ къухы исты бафтдзæн... Хъæды хуы бирæ, сæ
цæуæнтæ мын бæрæг сты... Хæхты уæлоз ис сычъитæ, уæлдæр —
дзæбидыртæ.
590
Уырдæм дард у, фæлæ хуыйы фыд æмæ сычъийы фыд куы уа
кæ сабитæн, уæд сæ худтæ уæларвмæ ’хсæнт!.. Гъе, æмæ фæсивæ-
ды кæнын хъæуы. Æз дæр дæ цуры уыдзынæн, фæлæ тæккæ сом
цæугæ у... Дарæн хистæртæй искæй бар бакæндзыстæм, нæхæдæг
цуаны нæ зымæгдзæл самал кæнæм... Сычъийы фыдæй — хист.
фæрныджы фырытæ дæр сæ хæссыны аргъ не сты, иу-дыууæ дзы
хистæн рауæлдай кæндзæн. Мыггагæн иннæтæ фаг сты... Хойраг
нæм фаг ис, нозт та устытæ самал кæндзысты... Афтæмæй хист
скæндзыстæм æмæ рухсзæгъæи бон куы фæфæтк уа, уæд æвзæр
нæ уыдзæн... Мардæн чи нæкæны цыт, уый удæгасæн цы фæуы-
дзæн?.. Ницы, цæсты низыл æй нымайдзæн, æндæр ницы... Æмæ
цæй лæг у, науæд цæй адæм сты, мард æмæ дзуар кæмæн нæй?..
Нæ, мæ нымадæй адæмæн æгъдау у сæ фидыц...
— Бæргæ, искуы æз дæр мæ мыггагæн куы зæгъин рухс! —
æрæджиау бабæллыд Сагсур. Йæхицæн дзурæгау уыд йæ ныхас,
фæлæ Сырдонмæ бахъардта: бынтон æдылы разындтæн!.. Уæдæй
нырмæ нарты кой кæнын, фæлæ мæ зæрдыл не ’рлæууыд, мæ
цуры бындурзылд, бынылзад лæг кæй ис, уый...
— Ме ’фсымæр, уыдон дæр нæ иумæйаг мæрдтæ сты æмæ уыдо-
иæн дæр зæгъдзыстæм рухс... Ног нарты зæххыл дихтæ нал кæн-
дзыстæм удæгæсты дæр æмæ мæрдты дæр... Не ’фсымæр дæ, уæд
дæ мæрдтæ дæр мах сты æмæ дæ фæсивæд дæр. Уый чи не ’мба-
ры, уымæ та адæймаджы номæй дзурын дæр не ’мбæлы.
— Уымæй бузныг, ме ’фсымæр... Уый хорз загътай... Иугæйт-
тæй нæй цæрæн... Нæ мæрдтæ дæр — иу, нæ фæсивæд дæр...
Уыдон тыххæй тухи кæнæм а дунейыл æмæ сæ цы хицæнтæ кæ-
нæм... Махæн дæр иумæ кæндзысты рухс æмæ нæ, чи зоны, ис-
куы хорзæн мысой...
— Не ’взæр немæ ахæсдзыстæм, нæ хорз ам баззайдзæн, æн-
дæр сын цы кæнæм?
— Хорз, Сырдон, æз цæуон æмæ лæппуты барæвдз кæнон, —
сыстад Сагсур æмæ йæ Сырдон рахизын кодта кæртæй.
Уыцы къуыри алы бон дæр цуан кодтой, фæлæ Сырдон изæ-
рæй нал цыд Ныхасмæ. Йе ’фсон — фæллад уыди, йæхæдæг та
Сидахъ æмæ Хæмæты ахуыр кодта уадындз æмæ хъисын фæнды-
рыл цæгъдын, хицæнтæй æмæ иумæ цæгъдын. Сырдон зыдта, куыд
баиу уыдзысты дыууæ хъæлæсы — фæндыры хъисты ниуд æмæ
уадындзы уаст. Сидахъы хъисфæндырыл рагæй ахуыр кодта, Ами-
нæты зианы фæстæ æрвыл изæр. Йæ зæрдæ уынгæг кодта æмæ
йæ хъыг басæттынæн æрымысыд хъисфæндырыл йæ иунæджы
хъарæг кæнын. Цы зарæг у, уый нæ дзырдта Сидахъæн, — йæ
зæрдæ фæрисдзæн! — фæлæ уый хатыд, цыдæр æвирхъау хъын-
591
цъым кæй ис ацы зарæджы æмæ йæ зæрдиагæй кодта. Йæ цæсты
раз та-иу лæууыдысты Ардагьуйы æмæ гыццийы фæлурс æмæ ма-
дзура, дурдзавд цæсгæмттæ. Йæ кæуын йæ былалгъыл рауай-бауай
кодта, фæлæ йæхиуыл хæцыд... Ныр дæр сæ уыцы зарæгыл цай-
дагь кодта. Хæмæт цæгьдын хорз зыдта, фæлæ уый зарæджы хъæ-
лæс бахъуыды кæнын хъуыд Сидахъы хъауджыдæр. Цыппар боны
фæстæ Хæмæт æмæ Сидахъ æиæ Сырдоны амындæй дæр зыдтой
зарæджы хъæлæс æмæ йæ фыццаг хицæнтæй ацагътой, стæй иумæ.
Сырдоны зæрдæмæ фæцыд сæ цагъд, æмæ сын уæд загъта:
— Ныр афтæ бакæиæм æмæ æз цæгъддзынæн мæхи фæнды-
рыл, сымах æй нæма зонут, фæлæ æвзæр нæу... — Сыстад æмæ
цыдæр æвæрæнæй систа йæ фæндыр: бынæй — тъæпæн фæйнæг,
фæйнæджы иу кæронæй хæрдмæ ссыд æмæ стæй фæйнæджы дæр-
гъы комкоммæ æрбазылд, æрбаххæст фæйнæджы иннæ кæронмæ,
цонджы къæдзау, æмæ фæци адæймаджы армытъæпæны нывæй,
цыма чидæр уæлейæ исты æрхауынæй тарст æмæ йæ цонгæй йæ
сæр хъаггæдта.
— Уый адæймаджы цонг у, баба? — бадис кодта Сидахъ.
— Чи зоны, мæ лæппу, фæлæ уымæ ма кæс, йæ цагъдмæ йын
байхъус, — нæ рахъæр кодта Сырдон йæ фæндыры сусæгдзинад.
Сырдон райдыдта цæгъдын йæ хъарæг, æрмæст ын йæ ныхæс-
тæ нæ дзырдта. Лæппутæ хъуыстой æмæ дис кодтой, адæймагау
куы кæуы ацы фæндыр, уæд цавæр у кæнæ афтæ цæгъдын куыд
базыдта Сырдон?.. Хъарæджы ’рдæгмæ куы бахæццæ Сырдон,
уæд йæ зæрдæ суынгæг æмæ тарст: куы скæуа, уæд худинаг у ацы
сабитæй... Иуцъусдуг фегуыппæг, стæй афтæ зæгъы:
— Цæй, ныр иумæ афæлварæм, стæй та æз иунæгæй ацæгъд-
дзынæн. — Цагътой лæппутæ уыцы хъарæг. Сидахъ ныр зарæджы
хъæлæс нымадта йæ гыццийыл хъарæгау æмæ йæ цыдæр зæрдæ-
хастæй кодта, раст Сырдоны куыд фæндыд, афтæ. Хæмæт ныр ас
лæппуйыл нымад уыди æмæ Сырдоны бинонты хабæрттæ бæл-
вырд зыдта. Уый йæ мидзæрдæйы æмбæрста — хуымæтæджы за-
рæг нæу, Сырдон, æвæццæгæн, йæ бинонтыл скодта ацы хъарæг,
фæлæ йæ махæн нæ дзуры барæй, уый хистæр у, мах — сабитæ!..
Æмæ йын Хæмæт тæригъæд кодта, — æрхæндæгæй ахста зарæ-
джы фæлтæр уадындзы ниуынæй. Сырдон хатыд, зарæджы хъæ-
лæс ныххызт лæппуты зæрдæмæ, æмæ уыдон дæр йæхийау хъа-
рæг кæнынц, кæд æй зарæг хонынц, уæддæр. Æмæ йæ бауырныд-
та, хисты фынгыл сæ хъарæг иумæ дзæбæх рауайдзæн... Дыккаг
æрдæг ма куы ацагътой иумæ, уæд сын Сырдон радзырдта:
— Абон фаг у, мæ хуртæ, æз бафæлладтæн... Хорз цагътат,
кæд ма исты зонын, уæд... Бæргæ рæстæг куы уаид, уæд ноджы
592
хуыздæр сахуыр кæниккам нæ зарæг, фæлæ ма нын иу бон ис,
æмæ сом фæссихор ацæгъддзыстæм... Æцæгуый зарæг нæу, фæлæ
йæ уæддæр афтæ схонæм: Кады зарæг нарты сæфтыл: Æцæгæй та
хъарæг у, нæ иумæйаг мæрдтыл... Се ’ппæтыл, иумæ... Нæ зæр-
дæйы хъыг, нæ уыраугæ масты хъæлæс... Цæмæй сын радтæм
æндæр æгьдау?.. Æз хуыздæр ницы зонын æмæ цы кæнон?.. Хорз,
лæппутæ, ныр уал баулæфут, сом цæгъддзыстæм нæхицæн, иннæ-
бон та — адæмæн... Сарæхсдзыстæм, ма тæрсут... Сом цуаны нæ
цæуын æмæ райсомæй хицæнтæй ахуыр кæндзыстæм, изæрæй та —
иумæ...
Хисты фынгыл уæлейæ бадти Алафарн, йæ фæйнæ фарс —
Армимаз æмæ Сырдон. Фыццаг рухс загъта Алафарн, нæртон дзыл-
лæйæ æвирхъау сæфт чи фæкодта, уыдонæн. Адæм уырдыг ныл-
лæууыдысты æмæ рухс кодтой цæссыг ныхъуыргæ... Дыккаг рух-
сы бар радта Армимазæн:
— Бирæ зиантæ ныл æрцыд дауджыты хæрамæй... Хистæр дзы
кæй ном ссардта, уыдонимæ иумæ æз рухс зæгъын нæртон дзыл-
лæйы иууыл стырдæр бæгъатыр Батырадзæн... Рухсаг уæд, нæ
сæрыл йæхи ’рхаста æмæ мæрдты рухс — йæ хай!.. Нæ лыгъды
фæндагыл дæр бирæ хъизæмар фæци нæ хай, фæлæ дзы йæ мæ-
лæт чи ссардта, уыдон — Ардагъу æмæ Аминæт — рухсаг уæнт!..
Мæрдты дунейы цы хуыздæр и — сæ хай уæд!..
Зæрдиагæй рухс кодтой адæм уыдонæн дæр, уæлдайдæр Ар-
дагъу æмæ Аминæтæн, сæ цæсты раз ацыдысты мæрдты бæстæм.
Рухс загьта йæ мадæн чысыл Сидахъ дæр. Йæ цуры чи уыд, уыдон
федтой, дзулы лыггагмæ ронджы ’ртахимæ, йæ цæстысыгтæ куыд
хаудысты.
Æртыккаг рухсы рæгъ кодта Сырдон æмæ фæтк чысыл фæивта:
— Хорз адæм, не ’ппæт дæр нæртон дзыллæйы сæфтæй зæрдæ-
рыст стæм, не ’ппæт дæр цагъды уæлдæйттæ стæм... Фæлæ не
’хсæн ис иу разагъды лæг, йæ мыггаджы быныл чи баззад зыбыты
иунæгæй, махæй æввахсдæр — æфсымæр кæмæн ничиуал ис... Уый
у не ’фсымæр Сагсур... Рухсаг уæнт, Сагсур, дæ мыггаджы лæгтæ
се ’ппæт дæр... Нæ иумæйаг мысинаг адæм сты æмæ, нæ разы цы
ис, уымæй хайджын уæнт мæрдты бæсты... Гъе, æмæ ма иу фæн-
диаг: уæлæ Аминæты ингæнæй райдыдта нæ ног уæлмæрд... Нæр-
тон зæххыл уæлмæрд дæр нал и, фæлæ ам, Аминæты цур саразæм
иумæйаг ингæн нæ мæрдтæн, скæнæм дзы обау, суинаг аз, рухс
зæгъæн бон куы кæнæм, уæдмæ, æмæ сын уым мысдзыстæм сæ
рухс ном... Уадз æмæ уый баззайа мысинагæн нæ фæстæ дæр нæ
байзæддагæн.
Алафарн рахызт цæрæнбоны рæгъытæм, фæлæ уыдон дæр куы
38 Сырлоны цæссыгтæ
593
фесты, уæд загъта: нæртон дзыллæмæ уыд фæтк — кадджын мар-
дыл кодтой зарæг... Ныр нæ дзыллæйы сæфтыл зарæг нæ, хъарæг
хъæуы... Ахæм зарæг-хъарæг скодта Сырдон... Ныхæстæ йын нæма
ис, фæлæ йын йæ хъæлæс ацæгъддзæн фæндырыл, ног фæнды-
рыл — Дыууадæстæнон хуыйны, Сырдон æй йæхæдæг сарæзта
æмæ йыл цæгъдын дæр йæхицæй фæстæмæ ничима зоны... За-
рæджы хъæлæс ма хæсдзысты Сырдонимæ иумæ: уадындзæй —
Хæмæт, хъисын фæндырæй — Сидахъ, Аминæты лæппу.
Рабадтысты æртæйæ, чысыл иппæрдæй. Сырдон къæлæтджын
бандоныл, Хæмæт æмæ Сидахъ йæ разы, уымæ æргомздæхтæй,
æртыкъахыг бандæттыл. Райдыдта Сырдон, стæй йæм баиу сты
уадындз æмæ хъисфæндыр. Райдыдта æрдхæрæны хъарæг. Алкæ-
мæн йæхи зиантæ йæ зæрдыл æрлæууыдысты æмæ сæ цæстытæ
суымæл сты, чи та æргом куыдта æнæсымæй... Диссаг сæм фæкаст
Сырдон йæхæдæг дæр: сæ цæсты раз азæронд лæг, фæгуыбыр,
баруадысты йæ фидар уæнгтæ. Къухы ’нгуылдзтæ — хус æмæ даргъ,
ивазынц фæндыры тæнтæ, рустæ тонæгау кæнынц æмæ кæуы,
ниуы, тъизы фæндыр... Амбырд ыл вæййынц уадындз æмæ хъи-
сын фæндыры хъæлæстæ дæр æмæ зæрдæйы норттæ æвзонынц,
æууæрдынц, фæлмæн кæнынц... Ирвæзт сæ нæй, цыма æнусты
мæстытæ сæмбырд сты Сырдоны зæрдæ æмæ фæндыры тæнты
æмæ ныр фыццаг хатт фемæхстысты æвидигæ цæссыгау... Адæ-
мæй æввахсдæр чи уыд фæндырдзæгъдджытæм, уыдон федтой:
Сырдоны цæссыгтæ хъуызынц йæ даргъ фындзы фæрсты æмæ
æмбæхсынц йæ рихиты. Сидахъ не ’мбæхсы йæ цæссыгтæ, ту-
лынц æмæ тулынц лæппуйы тæнцъар, айчы фарсау лæгъз рустыл
æмæ устытæ фуртт-фуртт кæнынц, ныббогъ-богъ кæниккой, фæлæ
Сырдонæй аргъуц кæнынц: сæхимидæг дзурынц: «йæ сидзæры
боныл, йæ мæгуыр мадыл хъарæг кæны Сидахъ...» Тызмæгæй кæсы
йæ уадындзы цæстытæм Хæмæт, йе ’нгуылдзы æлгътæй æлвисы
хъарæджы хъæлæс æмæ уадындзы ниудæй бæрæг у — æртæ лæ-
джы иу зæрдæйы уагæй кæнынц Нарты сæфты хъарæг...
* * *
Хисты фæстæ Сырдон рарынчын. Дзырдта — ницы мæ риссы,
мæнæ фæллад дæн æмæ рæхджы сыстдзынæн, — фæлæ стгæ нæ
кодта. Рацыд-иу кæртмæ, чысыл-иу арацу-бацу кодта фæскæрт
быдыры дæр, стæй та-иу ныххуыссыд. Гъе, æрмæст Сидахъæн
тæригъæд кодта æмæ йын æрымысыд ахæм æфсон: барæй афтæ
кæиын, науæд мæ цуаны цæуын хъæуы æмæ ма дæу та кæд сахуыр
кæнон ног фæндырыл цæгъдын?.. Сидахъы бауырныдта æмæ,
594
æцæгдæр, Сырдон амыдта лæппуйæн бон-изæрмæ ног фæндырыл
цæгъдын, цы зарæджы хъæлæстæ зыдта, уыдон се ’ппæт дæр.
фæндыд æй, Хæмæты дæр куы фæцайдагъ кæнид, фæлæ уый цуа-
ны цыд æмæ йæ не ’вдæлди.
Аивгъуыдта æнæхъæн мæй. Зымæг æрхæццæ суанг хъæдрæ-
бынтæм. Сагсур загъта: фаг у цуан кæнынæн, сырдвыд нæм фаг
ис, зыд бирæгъыл фидауы... Сырдон дæр сразы йæ фæндоныл,
æрмæст ма йын иу хъуыддаг йæ бæрны бакодта — куы ницы куыст
дын уа — уæд-иу стыр доны был дуртæ æрбæрджытæ кæн, иумæ-
йаг мæрдтæн обау аразынæн чи сбæзза, ахæмтæ...
Уый фæстæ бон цуаны ничиуал ацыд. Фæсивæд дыууæ боны
баулæфыдысты. Сырдонæн дæр йе ’фсоны сæр ахауд æмæ бар-
æнæбары арæхдæр цæуын райдыдта быдырмæ Фатакуй æмæ Урс-
къахимæ. Сидахъ ныр фылдæр фæндыримæ архайдта... Иуахæ-
мы Сырдон æрбаздæхт быдырæй æмæ хæдзары æрбаййæфта канд
Сидахъ æмæ Фарийы нæ, фæлæ ма Цæлой, Борсæ, Хуазар æмæ
Цорæйы. Цорæ æмæ йæм Хуазар æввахс цардысты, арæх-иу æй
абæрæг кодтой, фæлæ ацы дыууæ лæппуйы та цы ’рбахаста?
Цорæ йын рахъæр кодта сæ цыды сæр:
— Сырдон, ацы лæппутæ дæм уынæг æрбацыдысты: сæ гыцци-
тæ сын хуын рарвыстой дæумæ. Æцæг, физонджытæ, æз цы сычъи
амардтон, уымæй сты, фæлæ хæбизджынтæ сæхи конд, ронг дæр
афтæ... Ис ма ноджы иу сусæгдзинад...
— Гъе, æмæ мын сусæгтæ радзур, æргомты æз дæр æрхымпыр-
дзынæн, — лæппуты уындæй Сырдоны зæрдæ фæрог, фæхъæлдзæг и.
— Сусæг та, фæлæ... ацы æртæ дзидзидайы фæнды устытæ
курын, стæй иннæ абон... Сæ каст ма дæумæ у. Сырдон, дам,
хъуамæ чындзхастæн сараза ног æгъдау æмæ фæтк!.. Уый сæ су-
сæг...
— Æгъдау?.. Цавæр æгъдау! — фæхъуыдыйыл Сырдон.
— Чи нæма уыд, ахæм! Ног æгъдау, фæсивæдæн фæзминаг чи
уа! — райгæ ныхас хæссы дзырдарæхст Цæлой. — Ног исты æры-
мыс, иннæ ’гъдау мах дæр зонæм.
— Иу къуыримæ?.. Цæлой, фæлтау дын донæй дуртæ хæсдзы-
нæн!..
— Дуртæ хæссын мах дæр зонæм, Сырдон, æгъдау та ды сараз.
Хистæртæм дæр адзур, чи зоны дын исты ахъаз фæуой.
— Хистæртæй раст зæгъыс, Цæлой-бæгъатыр, фæлæ нырмæ
кæм уыдтæ, фарны хъуыддаг куы у, уæд æй цы ’мбæхстай?.
— Нырмæ цуаны цыдтæн, дæхæдæг нæ суынгæг кодтай: зы-
мæджы цы хæрдзыстæм!.. Ныр та ус курын: хæдзары мæ мадмæ
фæкæсæг нæй æмæ æнæкардæй æргæвстау дæн: цы ми, дам, кæ-
595
ныс, æви мæ мæлæтмæ кæсыс, цæмæй мæ цæстæй цинагæй мацы
фенон?.. Цы бон ныл ис, иунæг лæппутæ стæм æмæ, цæй, йæ
мады чи мары иу æнæбары усы тыххæй?..
— Маргæ нæ, Цæлой, фæлтау æз дæр иу æнæбары æгъдау
æрбаймысдзынæн, цы бон мыл ис?! Разы дæн, æрмæст мын хис-
тæрты ардæм æрбасайут, уæ хуынтæй дæр уын ацаходой, иунæ-
гæй бирæгь хæры...
Цæлоитæ ацыдысты. Уалынмæ хистæртæ дæр фæзындысты
æмæ хуын фынгтæм æрхæццæ, дзаджджын хуын, иугæр Сырдон
фынгмæ сиды, уæд сдзæбæх! — цин кодтой йе ’мгæрттæ æмæ хъæл-
дзæгæй бавнæлдтой минас кæнынмæ. Куы бацырд сты нозтæй,
уæд сын Сырдон рахабар кодта:
— Нæ кæстæртæй æртæ ускурынвæнд скодтой æмæ сын исты
’гъдау раттын хъæуы, хуын дæр уый фæдыл æрбахастой... Гъе,
æмæ мæм ахæм хъуыды æрцыд: нæ фæззæг дзæбæхæй арвыстам,
зымæг æрцæуы, куыст нын уадиссаг ницыуал ис, чындзæхсæвы
фаг та алы хæдзары дæр ис... Цæй, афтæ ныффæнд кæнæм: нæ
ног бæстыл иу ног æгъдау æрæвæрæм — чындзхæссæн рæстæг
скæнæм мæнæ ацы къуыри. /Евдæлон æмæ хъæздыг рæстæг...
Номæй та йæ Уастырджийы номæй рахонæм. Уастырджи нæ ба-
вæрдта, уый нæ æркодта ацы зæхмæ. Фæндагыл — нæ сæрхъызой
уыди, хæсты дæр — афтæ. Уадз æмæ нæ фæсивæды фæдзæхсæг
дæр уый фод!.. Бузныг дзы стæм æмæ йын ахæм хъуыддагæй йæ
ном ссарæм, æбузнæй ныл йæ зæрдæ куыннæ фæхуда...
— Мæ фыдыстæн, хорз фæнд у, фæлæ дын æй чи загъта, кæд
æй, мыййаг, мæнæй фехъуыстай?.. — худы йæхи ныхасыл Ала-
фарн, æцæг æхцон ын фæци Сырдоны фæнд.
— Йед у... Дæхицæй уæгъды ’ппæлыс, Ала, фæлæ хорз фæнд
у, Хуыцауыстæн!..
— Уастырджийы къуыри!.. Уый æцæг хорз ном у, стæй хорз
рæстæг! — зæрдæргомæй цин кæны Сугъар. — Алцы дæр нын и,
æппæтæй цæттæ!.. Æвдæлон афон!..
— Уастырджийы ном кæй ссардтай, уый æцæг хорз у... Уый
нæ фервæзын кодта æмæ æбузн хъуамæ ма уæм, науæд æбузн
лæгæй æбузн рæйæг хуыздæр у, — сразы Армимаз дæр. — Чын-
дзæхсæв — уый хорз у, науæд хисты фæстæ адæм сæ зæрдæмæ
айхъуыстой...
— Раст мæн дæр уымæн фæнды ацы къуыри чындзæхсæвтæ
кæнын, — йе ’мгары хъуыды ацахста Сырдон. Мастæй ирвæзт нæй,
фæлæ лæгæн цины рухс дæр хъуамæ кæса йæ зæрдæмæ... Гъе,
стæй ма афтæ дæр куы бакæниккам: ног бинонтæ фæзынди нæ
зæххыл, уæд сæ хъуамæ хистæртæ бафæдзæхсой. Фæдзæхсæн
596
бынат та скæнæм Ныхасы, адæм уым куыд уой, нæ арфæйы дзырд
куыд хъусой... Дыккаг та уый, æмæ лæппуйы мад ныййары, фæ-
фыдæбон ыл кæны æмæ йын стæй искæй фæрныг чызджы хай
свæййы!.. Æнцон у? Нæу... Гъе, æмæ йæ лæппу æмæ йæ чындзæн
фыццаг арфæ зæгъæд мад мах разæй. Уæд йæ зæрдæ буц уыдзæн,
иннæмæй та адæмы раз дзырд дæттæгау у — ацы чызг абонæй
фæстæмæ мæ хъæбул уыдзæн æмæ йæ рæвдаудзынæн!..
— Уый та ноджы хуыздæр! Ала сгуы, хæбизджынтæ æмæ рон-
джы кæхцæй арфæтæ кæндзæн, æндæр ницæмæн бæззы... Махæн
та — минас, кæстæртæн — зонд, зæронд мадæн — зæрдæйы рухс! —
барæй йæхицæй Цæлой аразы Армимаз.
— Цæй, уæдæ нæ ног æгьдау тъымы-тъымамæ фæзминаг цы
рауайа, уый тыххæй баназæм, — дзаг кæхц дæтты Сырдон Ала-
фарнмæ. — Иу сусæг фæнд ма мæм ис æмæ уын уый та уым рав-
дисдзынæн, чындзыты Ныхасæй сæ хæдзæрттæм куы кæнæм, уæд.
Ныр — минас, дзургæ нал, æгæрдæр фестæм ныхæстыл...
Дыккаг бон хъæуыл ахъæр ног æгъдауы хабар æмæ цин кодтой —
Ныхасы йæ фендзыстæм, зæгъгæ, æвæццæгæн, диссаг уыдзæн,
фæлæ мад та цы дзурдзæн йæ чындзæн?.. Хистæртæ арфæтæй
фылдæр цы зонынц, фæлæ сидзæргæс сылгоймаг цы зоны, цы
хъуамæ зæгъа?.. Базондзæн, сæр æй куы бахъæуа, уæд!.. Йæ хъæ-
бултæн арфæмæ мады зæрдæ æмхиц у, æмæ базондзæн!
Сырдон та цыма æрчъицыдта, уыйау фæци. Райсомæй ацыд
стыр доны былмæ Урскъахыл æмæ чысыл куы ахицæн хъæуæй,
уæд æй суагъта йæхи бар, фистæгæй цыд йæ цурты æмæ цыдæр
зарæджы хъæлæс фæзмæгау кодта. Суанг изæрмæ уым фæци æмæ
куы ’рбацыд, уæд Сидахъæн расидт:
— Ног зарæджы хъæлæс ссардтон доны был, Сидахъ, нæртон
лæг! Фæнды дæ йæ базонын, уæд Хæмæтмæ фæдзур...
Сидахъ йæ уæлвæд Хæмæты сæхимæ балæууын кодта æмæ
дзуры Сырдонмæ:
— Баба, мах цæттæ стæм! Цæгъдгæ кæндзыстæм æви?..
— Ныртæккæ, мæ лæппу, цæгьдгæ нæ, заргæ кæндзыстæм, æцæг
зарæг!.. Нæ иу зарæджы хъæргæнæг, иннæ хъырнгæ. Мæнæ афтæ,
— Сырдон сын, æцæг, уадындзыл æхситтæмхасæн акодта зарæджы
хъæлæс æмæ стæй айста зарæджы амонæджы фæлтæр, йæ фæстæ та
сын хъырнын куыд хъæуы, уый афæзмыдта хъæлæсæй. Бирæ хæт-
тыты афæлвæрдтой æртæ дæр куы зарæг самонын, куы хъырнын
æмæ фæстагмæ фæцайдагъ сты. Ныр Сырдоны зæрдæмæ цыдис йæ
цæдисæмбæлтты зарын, Сидахъы хъæлæс зарæг амонынæн бæззыд,
фæлæ хъырнынæн нæма уыди. Сырдон бамæт кодта: хъырнджытæ
хъæуы, науæд зарæг не сфидаудзæн, кæмæ ма фæдзурон?..
597
— Сидахъ-бæгъатыр, цу æмæ ма Цорæ æмæ Кумарайы дæр
æрбакæн, чи зоны, хъырнынмæ сарæхсой, науæд нæ зарæг доны
тъæллангау куы рауайа, тæнæг æмæ æгъуыз... Уастырджийы за-
рæг хъуамæ тыхджын, бæзджын æмæ аив уа, раст йæхи хуызæн...
Уый æйтт-мардзæ лæг у æмæ йæ зарæг дæр хъуамæ ахæм уа,
науæд зæгъдзæн: нарт зарын нæ зонынц!.. Нарма нæ зарæг, бæ-
дул йæхицæй уасæг куы ацаразы, уый хуызæн у, — афæзмыдта
Сырдон бæдулы уаст æмæ Сидахъ худгæ азгъордта Цорæ æмæ
Кумарамæ.
Кумарайæн диссаджы бæзджын æмæ тыхджын хъæлæс разын-
ди, Цорæ дæр уарзта зарын æмæ уайтагъд фæхæст зарæджы хъæ-
лæсыл. Ныр сæ зарæг бахуызæн. Фæлæ ма Кумара афтæ зæгъы:
— Æз иу лæппуйы зонын æмæ йын кæд ис, Сырдон абырджы-
ты цы уасæнæй фæтæрсын кодта, раст уый хъæлæсы хуызæн...
Мæсты дæр ма кодта, Сырдон, дам, уый мæн фæзмы... Иунæгæй
дыууадæс куыдзы бæрц хъырны... Æрбакæнон æй?..
— Кæд зивæг нæ кæныс, уæд ауай, — бар радта Сырдон æмæ
Кумара ацыд. Иннæтæ ногæй ногмæ фæлвæрдтой сæ зарæг ны-
выл кæныныл. Цорæ зарæг амонынмæ дæр дæсны разынд æмæ
ныр цыппар дæр кæрæдзи дзыхæй истой амонæн фæлтæр. Кума-
раитæ сæм куы ’рбаиу сты, уæд хъырнджытæ фаг уыдысты цы-
фæнды тыхджын амонæгæн дæр æмæ Сырдоны зæрдæ барухс:
зарæг рауайдзæн! Фæсивæд æй куы айсой, уæд Уастырджийы аккаг
уыдзæн!.. Зарæгæн ма хъæуы ныхæстæ æмæ ацы ’ртæ боны исты
æрымысин. Райдайдзæн ныллæг хъæлæсæй Сидахъ, стæй йæ мæхæ-
дæг айсдзынæн, мæ фæдыл — Цорæ æмæ Хæмæт... Хорз уыдзæн!..
Ног æгъдау æцæг фæцыд адæмы зæрдæмæ. Уæлдайдæр лæп-
путы ныййарджытæм дзырды бар кæй æрхауд, сæ зæрдиагдæр
фæндиæгтæ кæй загътой адæмы раз, уый. Алафарн Хуагомæй
дæсныдæр разынд кувынмæ, арфæтæм. Алафарн-иу æгæр зонд-
джын ныхасмæ куы фæци, уæд-иу Армимаз хъазæн ныхас фæ-
хæццæ кодта йæ арфæйы æмæ адæм худтысты, ноджы зæрдиаг-
дæрæй хъуыстой. Фæрныг йæхи фæзмын райдыдта æмæ фæси-
вæд райдыдтой хъæр кæнын: «Амбылдта! Амбылдта! Бурæфæр-
ныгæн — бур физонæг!».
Сырдон каст йе ’мгæрттæм æмæ йæ зæрдæ фырæхцонæй
риуыгътытæ систа. Стæй йæ рад куы ’рцыд, — ныр чындзыты сæ
хæдзæрттæм кæнын хъæуы, зæгъгæ, — уæд Сидахъы Кумара йæ
хъæбысмæ систа æмæ йын Сырдон ацамыдта сæрæй — зар!..
Уæй, дæумæ куы кувæм хæлары Уастырджи!
Уæй, дæ фæдон, дсе кувæг адæм!
Уæй, дæ хорзæх нын ралæвар кæн! —
598
цъæхсиаг хъæлæсæй систа зарæг Сидахъ æмæ йын уайтагъд тых-
джын хъырнæг хъæлæсты бын фæци, фæлæ йæ цуры лæууыд Сыр-
дон æмæ зарæджы фæлтæр кæронмæ куы ацыд, уæд æй сног код-
та йæ тыхджын хъæлæсæй:
Уæй, ноджы дæр дæумæ куы кувæм, Уастырджи!
Уæй, фæндагыл нсе сæрхъызой!
Уæй бынаты нсе фæдзæхсæг, хæлары Уастырджи!
Сæ дзырд куыд уыд, афтæ — æртыккаг амонæг Цорæ фæтъæл-
ланг кодта:
Усей, ракæс æмæ нын нæ сабиты бафæдзæхс!
Усе, уо усеуæй, Уастырджи!
Усей, дæ сыгъзæрин базыр сыл серытау, Уастырджи!
Нал фæлæууыд хъæлæсты æрсабырмæ Хæмæт, йæ цъæхснаг
хъæлæс ныццарыдта:
Усей, ноджыдæр цсеуылнсе бакувæм,
Уæй хъсебатыр Уастырджи!
Уæй, мах дæ фæдон, ды нæ фæтæг, Уастырджи!
Сырдон чындзытæй иуы къухыл хæцыд æмæ йæ кодта размæ,
цыдæр ног цард æмæ амондмæ. Афтæ каст чындзытæм, афтæ каст
Цæлой, Борсæ æмæ Хуазармæ. Зарæг та, Уастырджийы сыгъзæ-
рин базырау, айтынг сæ сæрмæ æмæ сын арфæ кодта, цины рух-
сивæн хаста сæ зæрдæтæм, сæ уды рæбынтæм... Сырдон æртæ
чызгæн, æртæ лæппуйæн дæр сæ ныййарджыты цур фæарфæтæ
кодта, уæлдайдæр идæдз ныййарджытæн, сæ рагон бæллиц кæ-
мæн сæххæст, стæй ма чысыл абадт Хуазартæм, уыдон æм æввахс-
дæр цардысты, æмæ сындæггай рахицæн чындзæхсæвы адæмæй,
ракодта Сидахъы дæр. Кæрты раз сыл сæмбæлд Фатакуй æмæ
йын дыууæ хайы радтой — чындзæхсæвы фынгæй! Сидахъ ма
афарста: «Баба, ноджы ма мысдзыстæм зарæг?» «Мысдзыстæм,
мæ лæппу, уæдæ куыд? Æнæ зарæг куыд ис цæрæн?» Сидахъ
разыйæ ацыд хæдзармæ, йæ куыдзы хъуырыл йæ цонг æркъæлæт,
афтæмæй.
Сырдоны зæрдæ буц уыди ахсæв йæхицæй, йæ зарæгæй, йæ
фæсивæдæй. Скаст уæларвмæ æмæ уыны — стъалытæ дард кæм-
дæр сыбар-сыбур кæнынц, сыхаг устытау, изæрмилты. Дард æмæ
йæм уазал бæстæ кæсы Сырдонмæ уæларв. Мах сæ æппындæр не
’ндавæм, — хъуыды кæны Сырдон, — фæлæ ууыл цы мæт кæнон
æз? Мæн æндавынц, æз сæм кæсын æмæ сæ мæ цæст, мæ уд рæв-
дауын... Уыдонæн бар сæхи... Уыдон зæххон дуне, чи зоны, нæ-
дæр зонынц, нæдæр уынынц. Фæлæ йæ æз зонын, уынын æмæ
599
дзы цæрын!.. Ис дзы маст, ис фыдбон, фыдбылызтæ, хæрам митæ...
æмæ кæм не сты?.. /Ез лæг дæн æмæ сæ цæмæн тæрсон, цæмæн
сæ лидзон?.. Цалынмæ мæ хъару уа, уæдмæ зылыны сраст кæ-
нынмæ тырндзынæн, растæн йæ фарс лæудзынæн, хæрамæн йæ
ных цæвдзынæн... Мæ фæстæ чи цæра, уый дæр исты кæндзæн...
Чи зоны йæм мæ кой фехъуыса æмæ уый дæр мæнау цæрын ба-
фæнда... Чи зоны... Кæд нæ, уæддæр ын цы кæнон?.. Йæ амонд
йæхи уæд! Кæд хуыздæр исты æрцахса йæ зонд, уæд ноджы амонд-
джындæр фод! Фæлæ æз цалынмæ удмидæг дæн, уæдмæ цæудзы-
нæн а дунейыл лæгау æмæ цæрдзынæн, мæ зæрдæ мæм цы дзуры,
мæ зонд цы ахсы, уымæй!..
Уæларв стъалытæ, хъусут?! Чи зоны уæ æз æппындæр не ’нда-
вын, фæлæ мæн æндавут æмæ уæм дзурын: абон мæнæн цины бон
у æмæ сымах дæр цин кæнут!.. Абон æз Уастырджийы зарæг нык-
кодтон фыццаг хатт нæртон дунейыл! Зарут æй сымах дæр, хуыз-
дæр не ’рымысдзыстут, нæдæр уымæй хуыздæр лæг фендзыстут
уæларв дæр, зæххыл дæр! Зарут æмæ уын æз хъырнон! Заргæ!..
Мæнæ уын ацы æдзæм быдыр бахъырндзæн, чи зоны, мæнæй хуыз-
дæр... Фæлæ зарут, абон нæртон дунейыл фæзынд æртæ ног хæ-
дзары æмæ фидæнмæ махыл бафтдзæн æртæ ног лæппуйы!.. За-
рут, абон мæн бауырныдта — нæй нæртон дунейæн фæуæн æмæ
рафтæн! Уыдис, ис æмæ уыдзæн! Уыдзæн тъымы-тъымамæ! За-
рут, мæнæ мæ зæрдæйау!..
600
Æстæм хабар
щтш Фи#ьщ-ее ’гъ^ну
Зымæджы æнтъыснæг бонтæ ныддаргъ сты Сырдоныл. Быды-
ры мит нæ уыд — халас-иу æрбадт, фæлæ та-иу æй хур систа.
Æрмæст зæхх уыд уазал, салд. Хус кæрдæджы хæлттæ дымгæмæ
дзой-дзой кодтой. Хурбонты-иу сыл фыстæ сæ былтæ хафтой.
Хъомвос нал цыдысты быдырмæ, фæлæ-иу хуры хъарммæ сæхи
тавтой. Адæм дæр афтæ: фылдæр сæ хæдзæртты бадтысты, хур-
иу куы æрæндæвта чысыл, уæд-иу хистæртæ Ныхасы дæр алæу-
уыдысты, фæлæ та-иу уыдон дæр хæдзæрттæм фæлидзæг сты —
тыхстысты уазалы. Цуаны дæр ничи цыди. Хъæды мит фылдæр
уыд, бæлæстæ чырсæй норст æмæ сæм февнæлд нæй — уайтагъд
митызгъæлæны бын фæуыдзынæ. Урссæр хæхтæй уазал бырста
бынмæ, кæмттæм, стæй-иу быдырмæ дæр рахæццæ йæ комы тæф.
Æмæ быдыр лæууыд æдзæмæй, удæгасæй дзы цы уыд, уыдон бам-
бæхстысты, фæтахтысты кæнæ бафынæй сты. Райхъал ма уыдзыс-
ты, цы бæрæг и?..
Сырдон ныр фылдæр хæдзары бадти. Галтæ æмæ бæхæн сæ
бынат хъарм уыди, зилын æнцон — хосы муртæ сын баппар, дон
сын бадар, сæ бынтæ сын расæрф, æндæр сæ ницы хъуыд. Æмæ
цы кæна цыбыр бонтæ æмæ даргъ æхсæвты?.. Ссардта иу ирхæф-
сæн — ахуыр кодта Сидахъы йæ ног фæндырыл. Куыстæй фæсæ-
рибар, уæд-иу сæм йæхи æрбаппæрста Хæмæт дæр. Ныр йæ раз-
дæры ном Хуамæт ферох, суанг ма йæ Фæрныг — йæ номæвæрæг
дæр Хæмæт хонын райдыдта. Уый, æцæг, бонæй не ’вдæлди, —
Фæрныгæн бирæ фос уыди нырма дæр, — фæлæ изæрæй уый дæр
æнæмæнг бадти Сырдонтæм æмæ æртæ дæр æдзух уадындзтæ æмæ
фæндыртæ сæ армæй дæлæмæ нæ истой. Къæрцхъус æмæ зæрдæр-
гъæвд уыдысты лæппутæ. Цы сын амыдта, уый нæ рох кодтой.
Уадындзыл афтæ сахуыр сты, цыма се ’нгуылдзтыл æрзади æмæ
йæхæдæг цагъта. Фæндыртæ дæр сæм хъусын райдыдтой æмæ
Сырдонæн зæрдæхцон хастой сæ цымыдис æмæ сæ арæхстæй.
Сырдон иуахæмы фæхатыд, Сидахъ йæхимидæг цæуылдæр тых-
601
сы, фæлæ йæ нæ фæразы сдзурын. Аивтæй йæ фæрсын райдыдта
æмæ рабæрæг: Сидахъы фæнды йæ мадыл зарæг скæнын, фæлæ
нæ зоны, цы æмæ куыд хъæуы зарæг æрымысынæн?.. Сырдон
йæхæдæг дæр нæ зоны, — зарæг куыд райгуыры лæджы зæрдæйы?..
Цы зоны, уый та — зарæг йæхæдæг æрцæуы лæджы зæрдæмæ.
Æмæ Сырдон бæргæ дзуры, — дæ зæрдæ дын зæгъдзæни зарæ-
джы хъæлæс, ныхæстæ та дæхæдæг æрымысдзынæ, — фæлæ са-
бийæн ницы ахъаз у ахæм зонд. Уæд Сырдон загъта: исты хъæлæс
мæ зæрдыл куы æрлæууид, уæд ын æй афæзмин фæндырыл кæнæ
уадындзыл æмæ йæ стæй йæхæдæг саразид... Сырдон бирæ фæ-
сагъæс кодта æмæ йæ зæрдыл æрлæууыд: иу хатт иу нæртон ус
куыдта йæ лæппуйы мардыл, йæ дзыхæй цы нæ тæригъæддаг ны-
хас хауд, ахæм нал баззад — адæм усæй-лæгæй æмхуызон богъ-
богъ æмæ йе-йе кодтой. Ныхæстæ ферох сты, фæлæ хъарæджы
хъæлæсы иу таг ныр дæр нæ рох кæны йæ зæрдæйæ. Сырдон æй
сфæлхатт кодта йæ миднымæр, стæй æхситмæ рахызт... Уыцы
хъæлæс у кæнæ йæ халдих, мæ зæрдыл йæ дудгæ хуызы лæууы...
Цымæ йæ уадындзæй афæзм, уæд та куыд уаид? Цæгъды уадын-
дзæй Сырдон хъарæджы хъæлæс æмæ йæ цæсты раз сыстад мæ-
гуыр усы тындтытæ цæсгом, йæ фæлурс хъæлæсы ниуын, йæ ивазгæ
хъарæг... Нынкъард Сырдоны зæрдæ, сног рагон тæригъæд йæ
хъуыдыйы, фæлæ ныхæстæ нал базыдта — цыдæр æнахуыр уыдыс-
ты. Уый размæ дæр, уый фæстæ дæр бирæ хъарджытæ фехъуыс-
та, фæлæ дзы ахæм ныхæстæ нæ уыд... Æниу æмхуызон цæмæн
хъуамæ уой хъарджытæ дæр?.. Нæ фæцарæхсы лæг æмæ йæхи
хъусæгггаг ныхæстæм баппары, æндæра алкæмæн дæр йæ хъæбу-
лы уарзондзинад йæ иунæг уды фисынтыл амад вæййы. Сатана
йæ лæппуйы йæ фæдджийыл хуыдæй хаста, Аминæт ын бар лæ-
вæрдта — цу, хъаз, дугътæ скъæр уынгты!.. Дыууæ дæр уарзтой
сæ иунæг хъæбулты, фæлæ æмхуызон нæ уыдысты сæхæдæг дæр,
сæ уарзын дæр... Куыд уарзы саби та цымæ йæ мады?.. Сырдон
чысылæй баззад сидзæр æмæ йæ мады нæ хъуыды кодта. Цымæ цы
зæгъид йæ мадæн Сидахъ йæ хъарæджы?.. Куыд сдзурон æз уый
номæй?.. Сидахъы æз мæ хуры цæст хонын, фæлæ сабийæн хуры
цæст йæ мад у. Йæ фынæйыл дæр ын нæ хъæцы, йæ цæст æм дары
æмæ, хуры цæстау, йæ фæдыл зилы... Сидахъæн уыцы хур нал и...
Аныгуылд, сыджыты бын фæци... Сырдон нырхæндæг æмæ йæ
зæрдæйы бын хъарæг кæнын райдыдта Сидахъы хуызы:
Усе, мæ дзæбæх гыцци,
Хуры лæппынтæй, урс ыстъалытæй,
Мæлдзыджы гуылтау,
Уæларв куы смал и...
602
Уæ, мсе фæлмæн гыцци,
Дæ иунæгыл, хуры цæстау,
Куы аныгуылдтæ,
Уæд дын скæсæн нал и?..
Сырдоны зæрдæ суынгæг æмæ уадындзыл цæгъдынмæ фæци...
Чысыл куы фæсабыр йæ хъыг, уæд ахъуыды кодта: ацы ныхæстæ
йын нæ хъæуы дзурын, сабийы зæрдæ ноджы фæрисдзæн, фæлæ
йын хъарæджы хъæлæс бацамондзынæн, чи зоны йæ æндæр хуы-
зы ацæгъда, дзырдтæ дæр ын æрымыса, науæд æй ныхас, чи зоны,
хъæугæ дæр нæ кæны: уадындзы хъуырæй зæрдæйы рис схау-
дзæн æмæ сабийæн фенцондæр уыдзæн.
Сидахъ зарæджы хъæлæсмæ байхъуыста, стæй йæ афæзмыдта
æмæ загьта: «Баба, сахуыр æй кæндзынæн æмæ дын æй искуы ацæгьд-
дзынæн...» Сырдон сразы æмæ ферох дыууæйæ дæр уыцы зарæг,
иогæй ахуыр кодтой Хæмæтимæ цæгъдын, фæзмын, хъæлæсæй за-
рын æмæ сыл афтæмæй аивгъуыдтой зымæджы иугъæдон бонтæ.
Рагуалдзæг ралæууыд æмæ Армимаз йæ куырдадзæй нал хызт —
æфсæнтæ, дзыргъатæ, къахæнтæ. Иннæ хистæртæ дæр кусæнгæрз-
тыл уыдысты — æфсæндзтæ, рæтæнæгъдтæ, рæтæнбостæ, дзывы-
рыл бæхифтындзæн гæрзтæ. Сырдон уыцы куыстытæй сæрибар
уыди, фæсивæд æй уыцы æнцон куыстытæм нæ уагътой æвналын
дæр. Уæд æрымысыд уæлмæрдмæ базилын. Акодта йемæ Сидахъы
æмæ фæкъахта хъæды бæрзы талатæ — хъуамæ уæлмæрдыл уа
тæлы бæрзбæлæстæй. Ыссардта дыргъы талатæ æмæ уыдонæй та
ног зылд сарæзта Аминæты ингæныл æмæ, нæртон мæрдтæн иумæ-
йаг обау аразинаг кæм уыдысты, уый алыварс... Сырдон йæ куыс-
тытæ куы фæци, йæ къухтæй сыджыты муртæ куы асæрфта, уæд
ын Сидахъ дзуры:
— Баба, гьеныр дын ацæгьдон мæ зарæг, гыццийыл кæй скодтон?
— Ацæгъд, мæ хуры цæст, ацæгъд, цы мын æй æмбæхсыс.
Сидахъ йæ ронæй уадындз систа, цалдæр улæфты дзы нык-
кодта, Сырдоны фæзмгæйæ, стæй райдыдта цæгъдын ныллæг хъæ-
лæсæй. Бæрæг уыд, рагæй йæ цæгъды, — æдæрсгæ хаста зарæгæн
йæ сæйраг хъæлæс дæр æмæ йæ фæливæнтæ дæр. Сырдон уай-
тагъд фæхатыд: æз ын цы хъæлæс бацамыдтон, уый нал у, баззад
дзы цыдæртæ, фæлæ уый нал у — нæй дзы уыцы хъарæджы æвир-
хъау рис, рухсы таг баиу зарæджы сæйраг хъæлæсмæ, рогдæр у
йе сулæфт, йæ равг — æрхуым æмæ æрхæндæг, фæлæ рухсдзыд.
Æрвон курдиат æм ис, фæлдисæг хъару, æцæг фæндырдзæгъдæг
уыдзæни! — цин кæны Сырдоны хъуыды... Сидахъ цагьд куы фæци,
уæд ын Сырдон йæ арм йæ сæрыл æрхаста. Æхцон ын уыд сабийы
хъуымбыл бецыкк армæй рæвдауын.
603
— Мæ лæппу, хорз зарæг æрымысыдтæ!.. Ныхæстæ дæр ын
æрхъуыды кодтай?
— Ныхæстæ дæр мын хъуыдыгонд сты... Æцæг мын Хæмæт
аххуыс кодта...
Æвзар куы схæца нæ сау хуымгæндыл,
Уæд сæрд æрлæудзæн...
Мсенæн мæ гыцци мæ цæргæбонты
Мæ зæрдыл лæудзæн...
Быдираг цсергæс, къæвда куы вæййы,
Уæд дурыл лæууы...
Ма мын тæрс, гыцци, дæ иунæг лæппу
Дæ цуры лæууы...
— Хорз ныхæстæ сты, мæ лæппу, хорз!.. Æцæг лæджы ныхæс-
тæ!.. Фæлæ ныр цом нæхимæ, афонмæ Фари аходæн скодта æмæ
æнхъæлмæ кæсы...
Цæуынц Сырдон æмæ Сидахъ уалдзыгон зæххыл. Нырма кæр-
дæг не схæцыд æмæ зæхх гомгæрццæй лæууы хус хиталджыты
æвджид... «Сидзæр сабийы буарау йæ хæдоны бызгъуыртæй зы-
ны», — ахъуыды кодта Сырдон æмæ нынкъард и... Зæхх дæр си-
дзæры хуызæн уым у, уым мах цы кæнæм?» «...дæ иунæг лæппу
дæ цуры лæууы...» Цыфæнды йæ рæвдау, уæддæр йæ уд иунæг
у... Йæ мады бæсты йын ничи фæцæудзæн. Æниу не ’ппæт дæр
иунæджытæ стæм. Æцæг нæм зонд куы разыны, уæд нæ иунæг
сæртæ кæрæдзийыл бакъул кæнæм æмæ нын фенцондæр вæййы.
Науæд — иунæг æмæ иунæг. Сидзæр, уалдзыгон зæххау, — æнæ-
карст, гомгæрцц æмæ сыдгуыбын. Никæй æндавы дæ мæт дæр
æмæ дæ иунæг дæр... Цæр, фæраз, хъæц!.. Стæй афардæг уыдзы-
нæ, мæнæ ацы хиталджытау, зæххы... Куыдзы гуыбыны хъуыр-
хъуыр. Дæ хъæр-цъæр нал фехъуысдзæн. Чи зоны, мæнæй иунæг-
дæр ничи ис а зæххыл, фæлæ йын цы кæнон?.. Нæ, чи зоны,
Сатана, Борæты чындз, иунæгдæр уыди?.. Чи зоны, йæ лæппуйы
дæр йæ фæдджийыл уымæн ныххуыдта, — тарст иунæджы бонæй.
Чи зоны, æз дæр Сидахъыл узæлынæй йæ иунæджы тас сурын.
Æниу, чи зоны, Сатанайæн æнцондæр уыди, — уый зæрдæйæ зыд-
та, а дунейыл ын кæй ничи ис, йæ сабийæ фæстæмæ, фæлæ йыл
хъуыды нæ кодта... Йæ зæрдæ рыст, фæлæ йæ хъуыды нæ рыс-
ти... Хъуыдыйы рис æмæ хъизæмар!.. Дур дæр бадомдзысты...
Лæг сын уæддæр бирæ лæууы... Æниу, чи зоны, иннæ адæмы
хъуыдыйы цы ис, цæмæй риссы сæ уд, уый кæй нæ зонынц, уымæн
мæм афтæ кæсы. Лæгмæ искæй уд, уæларв стъалытау, дард у æмæ
йын чи цы зоны бæлвырд?..
— Баба, цæуыл мæт кæныс, куы ’рхæццæ стæм, Фари нæм
604
къæсæрæй куы кæсы, ома тагъддæр, аходæн ныууазал! — цингъуы-
зæй дзуры уæлæмæ Сидахъ.
— Куы ницы мæт кæнын, мæ лæппу, мæнæ уалдзæг æрцыд
æмæ ууыл сагъæс кæнын... Ныр нæ хуым кæнын хъæуы, стæй, дæ
загъдау: «Æвзар куы схæца нæ сау хуымгæндыл, уæд сæрд æрлæу-
дзæи!..» æмæ та ног куысты рад... Уæдæ, хъуыдиаг дзы бирæ ис,
мæ лæппу...
Сидахъ фæдис кодта, баба куыд тагъд базыдта йæ зарæджы
ныхæстæ, иниæмæй та йын æхсызгон уыд, йæ ныхæстæ бабайы
зæрдæмæ цæуынц! — йæ арм ын айвæзта хæдзары ’рдæм, ома цом,
нæхи уал сæфсадæм, стæй та — сагъæс.
* * *
Уалдзæг йæ тæмæны бацыд. Хур батавта æгас дуне — мæлдзы-
гæй адæймаджы онг, батавта æппæт сидзæрты æмæ иунæджыты,
ныййарæг мадау сæ хъулон никæй фæкодта, æмæ дуне райгас,
базмæлыд, цин æмæ цæрыныл фæци. Адæймагæн та æнусты дæр-
гъы у йæ цардахуыр — ныггуыбыр кодта сыджытмæ, аразы йæ
царды фадат, афæдзы дæргъы йæ сабитимæ цæмæй фæцæра, уыцы
хæрзиуæг — хуым кæны, тауы хор. Ацы аз нæртон дзыллæйæн
æнцондæр куыст уыди сæ зæхх æмæ тагъддæр фесты сæ куыст.
Тауинаг ма дзы уыди кæмæндæрты æмæ Фæрныг Сырдонæн ба-
уынаффæ кодта: бакæнæм ма иу гæбаз зæхх, кæй фæнды, уый
байтауæд; хор цас фылдæр уа, уыйас хуыздæр у, нæ фесæфдзæн;
нæхи куы нæ бахъæуа, уæддæр, чи зоны, исчи фæзына æмæ йæ
баивæм фосыл. Сырдон сразы — хорз фæнд у, хойраг бирæ уы-
дзæн, уым æвзæрæй ницы ис. Бакодтой ма уыцы «гæбаз» æмæ
дзы адæмæн сæ фылдæр байтыдтой, сæрды хардзæй уæлдай ма
сæм цы нæмыг аззад, уый.
Хуымгæнæнæй хосгæрдæнмæ адæм сæрибар уыдысты æхсыз-
гон куыстагæй, алчи йæ хæдзары зылдтытыл уыд æмæ Сырдон
сфæнд кодта лæппутимæ сыгъды нартæн обау аразын. Лæппутæ
йын галтыл ластой дуртæ, йæхæдæг амадта. Стæй хуымæтæджы
амад нæ, цæгтæ-цæгтæй хъуамæ бæрзонд фæцæуа, Уазайы хохау.
Иу фæлтæр дæрдтыл, стæй иннæ — къуындæгдæр. Фыццаг фæл-
тæр ын амад куы фæци, уæд дурзылды ныннæмын кодта сыджыт,
змис, чыс, стæй уæд райдыдта амайын ног фæлтæр. Къæйтæ æв-
зæрста йæхæдæг æмæ сæ иу къуымых фæрæтæй рæстытæ кодта,
æнгом æмæ æмлæгъз куыд бадтаиккой сисамады. Дыууæ къуы-
рийы фæкуыста Сырдон. Æххуыс ын кодтой хистæртæ дæр, цал-
дæр лæппуйы та йын дурдæттæг уыдысты æмæ куыст рæвдз цы-
605
дис, стæй нывыл. Сырдон æмæ йе ’мгæрттæ цин кодтой — æртæ
боны куыст ма сын баззад æмæ стæй цæттæ уыдзæн сыгьды нар-
тæн иумæйаг уæлмæрд — рæсугъд дуробау!.. Ныр дурласджытæ
сæ куыст фесты æмæ апырх сты, куыстой ма æрмæст дурдæтджы-
тæ. Уыцы æртæ боны Сырдон ноджы зæрдиагдæрæй архайдта æмæ
фæци йæ обау. Йæ тæккæ цъуппыл ын Сырдоны фæндæй сæвæрд-
той стыр дур, фаты фындзау æртæтигъон, фæрæтæй амад. Зын
сын уыд йæ сисын уырдæм æмæ Сырдон æрымысыд дурисæн
мæцъис: дыууæ цæджындзы ныссагъта обауы цур, сæ хæдзтыл
сын ауагъта æртыккаг хъæд ’мæ ууыл уæлейæ бабаста даргъ бæла-
сы зæнг. Уыцы зæнгæн йæ иу кæрон бабаста æвæринаг дур, иннæ
кæроныл та бакодта гæрзбæндæнтæ. Лæгтæ уыцы бæндæнтыл
æрхæцыдысты æмæ дур сластой йæ бынатмæ. Аив æй сæвæрдта
Сырдон: обауæн йæ бæсты астæу, йæ фындз уæлæрвтæм арæзт.
Алафарн æй куы бафарста: дур цыргъ цæмæн у, фаты фындзау
æртæтигъон, уæд ын Сырдон хъазтæмхасæн афтæ бакодта:
— Уый бардуæгтæм æртхъирæны нысан у: ацы хатт лæджы
зонд æрымысдзæни зынгæхсæн фат æмæ ныггæрах кæндзæн
уæларв бардуæгты, æркалдзæн сæ зæхмæ æмæ сæ йе ’нусон мæс-
тытæ сисдзæн!.. Уæд ма нартæй чи уа зæххыл, уый та сæ нæ сæфт
æфсымæрты туг райсдзæн!..
— Е-е-е-, Сырдон, уый никуы уыдзæн, уæгъды ныфсытæ æвæ-
рыс, бардуæгты дæхиуыл цы ардауыс, æндæр дзы иицы ис, —
æрхæндæгæй дзуры Алафарн.
— Ала, æмæ æз дæр афтæ куы нæ зæгъын, тæккæ райсом аца-
раздзынæн ахæм цæхæрзынг фат æмæ бардуæгты сыскъуындзы-
нæн! Фæлæ мæ уырны, фидæны нарт махæй зондджындæр уы-
дзысты, исты сараздзысты бардуæгтæ æмæ сæ гæрзты ныхмæ. Кæд
уыдзæн, стæй æнæмæнг уыдзæн?.. Чи йæ зоны, фæлæ лæг ныф-
сæй цæры, уæдæ цы кæна?.. Æнæуый та, нарт фыдæй фыртмæ
фаты бырынкъæй агуырдтой сæхицæн хæринаг дæр, ном æмæ кад
дæр, уадз æмæ фаты фындз æвæрд уа сæ обауы сæр, уыной йæ
мæрдты бæстæй æмæ цин кæной: нæ фæсивæд нын нæ цыртыл нæ
хорзы нысан сæвæрдтой!..
— Уый æндæр хабар у, уый мæ зæрдæмæ цæуы, — загъта Ар-
мимаз, — æмæ йын æз та йæ тигъыл æрхуыйæ цъæрттæ бакæндзы-
нæн, цæхæртæ куыд калой æмæ бардуæгты цæстытæ куыд къахой
сæ тыфылтæй!..
— Уый хорз æрымысыдтæ, Куырдалæгон, æмæ дæм уый тых-
хæй нуазæн æмбæлы!
— Нæ, Сырдон, кæд хоныс, уæд тæккæ абон, науæд, ды хин
лæг дæ æмæ та исты ’фсон ссардзынæ, — не сразы Армимаз. — Нæ
606
куыст фæци æмæ цом дæ халагъудмæ, чи зоны, Фаримæ исты
аууилинаг разына.
— Уый та хуыздæр! Æрмæст хъаст ма ракæн: уазæг — цæттæ,
фысым — æдзæттæ!..
Рацыдысты, сæ арæзт обаумæ фæкæс-фæкæсгæнгæ. Дардæй
сæ зæрдæмæ тынгдæр цыди æмæ цин кодтой — хорз хъуыддаг
сарæзтам! Ноджы Фаримæ кæд разынд æппæт дæр, æгæрыстæ-
мæй хæбизджынтæ дæр, афтæмæй Сырдонæн хъуг нæ уыди. Ахорд-
той, анызтой, ацин кодтой кæрæдзийыл æмæ ацыдысты сæ хæ-
дзæрттæм. Сырдон сæ кæртæй рахизын кодта æмæ фæстæмæ куы
бацыд, уæд Фарийы бафарста, цыхт дын дæ мад радта, æви хæ-
бизджынтæ цæмæй ракодтай?..
— Куыд цæмæй ракодтон, — цингæнгæ радзырдта Фари. — Знон
райсом нын нæ кæртмæ Цорæ иу сырх хъуг æрбаздæхта, ныр,
дам, сымах уыдзæн. Замманайы хъуг разынд... æхсыр — бирæ, йе
’хсыр та — сыгъдæг сой!..
— Цорæ æндæр ницы загъта? — цымыдисæй фæрсы Сырдон.
— Ницы... Хъуг хизынмæ ис, нæма ’рцыд. Рæсугъд хъуг у...
— Æгайтма дæ зæрдæмæ фæцыд, — æнæбары бакодта Сырдон
æмæ кæртмæ рахызт. Аракæс-бакæс кодта æмæ никæй суыдта
лæппутæй. Цорæты цурты фæцæуæг, фæлæ кæрты ничи уыд,
хæдзары дуар ричъийæ æхгæд.
Араст Сырдон Ныхасы ’рдæм, кæд искæй фенвд æмæ базонид —
кæцæй æртардта Цорæ уыцы хъуг. Ныхасы иу чысыл абадт Сыр-
дон иунæгæй, стæй Цæлойыл йæ цæст схæцыд сæ хæдзары раз
(Ныхасмæ æввахс цард) æмæ йæм фæдзырдта, ардæм æруай, зæгъ-
гæ. Бафарста йæ комкоммæ: Цорæ мæнæн хъуг кæцæй ракъахта,
ницы йын зоны?..
— Балцы ацыдысты цалдæр боны размæ дыууадæсæй... Цорæ
сæ сразы кодта: нæ хъæуы, дам, бирæ хæдзары хъуг нæй, æз, дам,
айразмæ фæсхох быдыры, Стыр доны былыл федтон хъугрæгъæут-
тæ уæгъдибарæй хизгæ. Иу-сæдæйы бæрц, дам, дзы ратæрæм, хъуг
кæмæн нæй, уыдоныл сæ байуарæм... Дзырдтон сын, ма кæнут,
худинаг у, уый тыхми у, науæд хуыснæг, æмæ нæ адæм æгад кæ-
нынц... Нæ мæм байхъуыстой... Ацыдысты æмæ байуæрстой кæй-
дæр фос адæмыл!.. Æцæг дзы хæргæ ницы бакодтой, сæ тæри-
гъæд мæ нæ хъæуы, сæныччы хъус дæр дзы нæ фæхъуыд...
— Мæ сæр мын рæбыныл ракодтат, нæ хорз фæсивæд!.. —
æнкъардæй æмæ тызмæгæй загъта Сырдон. — Ды дæр рæстæгтæй
нæ дæ!.. Цæуылнæ мæм фæфæдис кодтай?
— Кæдæм ма? Доны былæй ацыдысты, тæргæ бæхтыл. Цалын-
мæ дæумæ цыдаин, бæхтæ агуырдтаин, сæ фæдыл цыдаиккам,
уæдмæ уыдон хохæй ахызтысты... Ацу æмæ сæ агур!..
607
— Æз сæ ссардтаин æмæ раздæхтаин, фæлæ уæ иу лæг нæ
разынд, ацы фыдбылыз мын раздæр чи бамбарын кодтаид... Ныр
цы кæнæм, и?.. Фыдбылыз нæхи къахæй агурæм æмæ, дам, хорз
адæм стæм! Хафынатæ! Тыхгæнджытæ!..
Сырдон фестад, Цæлойы уым фæуагьта æмæ комкоммæ араст
Алафарнмæ. Уый арвыста хистæртæм æмæ Алафарны хæдзары
бамбырд сты. Ничи сæ зыдта хабар Сугъары йеддæмæ. Уый дæр
æй абон райсом базыдта æмæ изæрмæ æнхъæлмæ каст, обау арæзт
куы фæуа æмæ хистæртæ Ныхасмæ куы ’рцæуой, уæдмæ. Ты-
фылтæ калдтой се ’ппæт дæр, фæлæ уый фыдбылызæй фервæзы-
нæн ахъаз нæ уыд. Сырдон цæхгæр загъта:
— Сом хуыцаубон у æмæ адæмы тæрхонмæ рахæссæм хабар.
Афтæ куы фæцайдагъ уой нæ фæсивæд, уæд фесæфдзыстæм!..
Знæгтæ скæндзыстæм нæхицæн æмæ ныл иннæ нарты бон æркæн-
дзæн!.. Фыдбылызы нæ чи ныссагъта, уыдон карз бафхæрын
хъæуы, науæд иннæтæ дæр уыдон фæзмдзысты... Сом хъæуы тæр-
хон, стæй фæцæуæм, кæй бафхæрдтам, уыдонмæ: хатыр сæ раку-
рæм, сæ фос сын аздахæм, цæмæй не ’хсæн ахæм митæ мауал
æрцæуа...
Хистæртæ сразы сты: стыр фыдбылызы райдиан у æмæ адæмы
бафæрсæм. Уыдон фæндæй куыд уа тæрхон дæр æмæ æфхæрд
дæр...
Апырх сты хистæртæ мæстджынæй. Зын сын уыди сæ лæппу-
тыл тæрхон кæнын, уыдон бафхæрын, фæлæ æмбæрстой: ныр
æфхæрд куынæ ’рцæуой, уæд иннæтæ дæр афтæ кæндзысты æмæ
уæд, нарты байзæддаг бынтондæр фесæфдзысты... Сырдон æхсæв
бонмæ рафт-бафт кодта, нымадта, адæмæн зын уыдзæн лæппуты
бафхæрын, уымæй дæр нæ хуыздæр хæстонты... Фæлæ нæ рахиз
цонгæй нæ галиу цонг куы нæ ныллыг кæнæм, уæд фесæфдзыстæм
иууылдæр!.. Уæлдай зын уыди Сырдонæн Цорæйы бафхæрын,
цыдæр уарзон ын фæци, сыхагæн дæр æй уымæн равзæрста, стæй
хæдзары — йæ мад æмæ дыууæ чысыл хойы... Сидзæр лæппу!..
Ныхасы тæрхонмæ иууылдæр æрæмбырд сты. Чи лæппуты фарс
уыди, — сæ тыхми никæй зæрдæмæ фæцыд, фæлæ сын тæригьæд
кодтой: сæхицæн ницы агуырдтой, адæмы сабитæн æхсыры хъуц-
цытæ раскъæрдтой кæйдæр рæгъауæй... Стыр рæдыд фæкодтой,
фæлæ сын ныггæдзæ кæнæм!.. Бирæтæ та нымадтой — хъоды сыл
бакæнын хъæуы, цæмæй, нæ алыварс цы адæмтæ цæры, уыдон
нæм ма схæрам уой, кæрæдзи карды фындзæй ма агурæм!..
Цорæ басаст: фæрæдыдтæн, фæлæ мæ фæндыд уе ’ппæтæн
хæрзиуæджы бацæуын... Ныр иугæр фыдбылыз æрхастон нæ арт-
дзæстмæ, уæд мын, цыфæнды стæрхон кæнат, разы дæн. Æрмæст
608
уæ курæг дæн — мемæ чи уыд балцы, уыдон ма бафхæрут. Æз сæ
акодтон, сæ хистæр уыдтæн æмæ мæм байхъуыстой... Азым сæм
хауы иу чысыл æмæ сын ныгтæдзæ кæнут. Мæнæн та тæрхон — уæ
зæрдæ уын куыд зæгъы, афтæ... Сыбыртт дæр не скæндзыиæн,
æрмæст ме ’мгæрттæн ныггæдзæ кæнут!..
Цорæимæ чи уыд, уыдон та иннæрдæм загътой. Азымджын
стæм æмхуызон, Цорæ уæлдай аххосджын нæу. Тых кæнынмæ
кæй цæуæм, уый дæр зыдтам: Цæлой нæм бирæ фæхыл кодта,
фæлæ ацыдыстæм... Иумæ бакодтам нæ тыхми æмæ Цорæмæ дæр
уæлдай æфхæрд не ’мбæлы!..
Адæммæ сидт Алафарн, зæгъут уæ фæндон, зæгъгæ, фæлæ ничи
ницы дзырдта. Тыхмийы фæдыл цы фæдбылызтæ баст и, уыдон
Алафарн афтæ карзæй фæдзырдта, æмæ лæппуты сæрыл рахæ-
цыи ничи уæндыд. Бафхæрæм сæ, зæгъгæ, ахæм фæндиаг бахæс-
сын та никæй цæст уарзта. Сыбыртт ничи кодта. Уæд размæ ралæу-
уыд Сатана æмæ Алафарнмæ бадзырдта:
— Нæ цытджын хистæртæ! Кæд сылгоймагыл дæр æмбæлы йæ
фæндиаг радзурын, уæд мын ныхасы бар раттут.
Алафарн ын бар радта æмæ Сатана уæндонæй дзурын райдыдта:
— Хорз адæм! Фыдбылызы хабар æрцыд нæ адæмыл, уый бæ-
рæг у. Хæрзиуæг аразынмæ кæй фæцыдысты нæ лæппутæ, уый
дæр бæрæг у... Хъуг кæмæн нæй, уымæн дыууæ хатты зындæр у
цæрын. Махæн та нæ раздзог Сырдонæн дæр нæй, афтæмæй æртæ
удгоймаджы сты, сылыйы къопп Алафарнæй фæхæссынц... Лæп-
путæ ацы уавæр уыдтой æмæ фæрæдыдысты... Бæргæ, куы ба-
фарстаиккой хистæрты, куы байхъуыстаиккой Цæлоймæ... Фæлæ
æрцыд фыдбылыз æмæ цы кæнæм?.. Нæ рахиз цæнгтæ сты æмæ
сæ куыд ралыг кæнæм?.. Ныггæдзæ сын кæнæм?.. /Емæ уый дæр
раст тæрхон нæ уыдзæи — рæдыдæн барст и, фæлæ фыдбылызæи
куыд баргæ у?.. Æниу æй æз зонын: адæмы раз зылынджыи лæуд
кæн, уый йæхæдæг стыр æмæ зынуромæн æфхæрд у... Чи зоны
сыи ацы уайдзæф, адæмы иумæйаг уайдзæф æгъгьæд у?..
Адæмы зæрдæмæ фæцыд Сатаиайы фæндиаг, фæлæ æргом йæ
фарс рахæцын ничи хаста йæ ныфс: устытæй дзурын ничи уæн-
дыд, лæгтæй та йæ сæрмæ иичи хаста Борæты Сатанайы, æнæнымад
усы фæндыл сразы уæвын. Уæд Сырдон ракуырдта дзырды бар.
— Нæртон дзыллæ, фыццаг нымаинаг у, цы ’рцыди, уый. Цæугæ
та ’ркодта стыр фыдбылыз!.. Хорз у, æмæ нæ сыхаг адæм хæстыл
лæуд не сты. Фарон æртæ хæсты бавзæрстам, ацы аз цыппæрæм
нæхæдæг ракъахтам... Уый циу, лæджы ми у? Хæст — æхсыры къоппы
тæххæй!.. Уый худинаг æмæ мæлæт у!.. Раст зæгъы Сатана, — зын у
искæмæй сылы курын... Мах нæ родты æргæвдын дæр уымæн нæ
39 Сырдоиы цæссыгтæ
609
уадзæм, фидæнмæ алкæмæн дæр хъуг цæмæй уа... Цорæ æмæ йе
’мбæлттæ се ’дылы зондæй хæрзнуæг арæзтой, мæнæн дæр дзы иу
хъуг схæлар кодтой!.. Фæлæ хæрзиуæг искæй хардзæй аразгæ нæу!..
Мæн искæй дзыхæй фелвасæггаг кæрдих нæ хъæуы! Гукк!.. Уый
фыдбылыз у, канд махæн нæ, нæ чысыл сабитæн дæр. Райсом хæст-
мæ цæуын уыдон хъæудзæн уыцы æнæхайыр æхсыры тыххæй!.. Гъе,
æмæ ма зæгъ, Сатана: ие ’хсæн идæдз цы иунæджы номыл бадыс,
уый куы байрæза, адæмы рæгъы цæрынмæ куы рацæуа, уæд дæ
бафæнддзæн уый æхсыры охыл хæстмæ арвитын?.. Нæ дæ бафæнд-
дзæи!.. Ныр мæ дзырд Цорæйы мад Борианмæ у: раст зæгъ, дæ
лæппу дæ куы бафарстаид, цæуон æви нæ хъуццытæ давынмæ, сра-
зы уыдаис йæ фæндиагыл?.. Уæдæ нæ тæрхоны иу сылгоймаг цæ-
уылнæ ис?.. Уыдон цæуылнæ фæрсæм, ныхас хæстыл, цард æмæ
мæлæтыл кæм цæуы, уым?.. Мæнæ фондз хистæры, иууылдæр —
лæгтæ. Нæй дзы иу сылгоймаг, афтæмæй ахæм тæрхоны фыццаг бар
хъуамæ мадæн уаид. Хæстмæ цы лппуты фервитæм, уыдон афæдзы
дæргъы йæ зæрдæйы рæбын чи фæхæссы? Мад! Ауал-ацал азы се
схъæрзтыл дæр чи нæ фæхъæцы? Гомгуыбын сабийæ сæ хæстон
лæджы кармæ чи схъомыл кæны? Мад!.. Мæрдты бæсты дæр, уыдон
хорзмæ бæлгæйæ, чи дзыназы? Мад!.. /Емæ йæ уæд цæуылнæ фæр-
сæм: йæ хъæбулы хæстмæ æрвиты, мæлæты хай йæ кæны æвп нæ?..
Мæн уырны, иу мад дæр не сразы уыдзæн йæ хъæбулы гуыбыны
хардзы тыххæй мæлæтмæ арвитыныл... Куы сразы уа, уæд та Мад
нал уыдзæн, фæлæ хъæбулхор!..
Гъе, æмæ хорз адæм, мæ фыццаг фæндиаг: абонæй фæстæмæ
нæ Ныхасы тæрхоны лæгты ’хсæн уæд цыппар сылгоймаджы. Æз
дзы дыууæйы кой ракодтон, Сатана æмæ Борианæй зæгъын. Ин-
нæты нæмттæ уæхæдæг зæгъут... Мæ дыккаг фæндиаг та у ахæм:
Цорæимæ цы ’мбæлттæ уыд, уыдонæн адæмы иумæйаг уайдзæф
фаг æфхæрдыл нымад æрцæуæд — разы дæн Сатанайы фæндо-
ныл. Фæлæ Цорæ хуымæтæджы хæстон нæу, раздзог у нæ бар-
джытæн, иæ фæсивæдæн Сугъаримæ иумæ. Уый хъуамæ баца-
мыдтаид кæстæртæн: фыдбылыз хи къахæй не ’мбæлы агурын!..
Уый та сæ разæй фæцæуæг фыдбылызмæ!.. Мæ фæндæй хъуамæ
Цорæ йæ раздзоджы бынатæй ист æрцæуа æмæ йыл хъоды бакæ-
нæм иу афæдзы ’мгъуыдмæ!.. Стæй уæд ногæй æрбадæнт тæрхо-
ны лæгтæ æмæ, кæд аккаг уа, уæд æй фæстæмæ йæ бынаты ныу-
уадзæнт æмæ цæрæд раздæрау не ’хсæн... Уæдмæ та — хъоды!..
Ныр у, æмæ нугæр тугкалд не ’рцыд махæй нæ сыхæгты ’хсæи,
уæд фæцæуæнт нæ хистæртæ æмæ бафидауæнт сыхаг адæмимæ...
Аздахæнт сын сæ фос æмæ сæ хатыр ракурæнт, цæмæй фыдбылыз
уый адыл ныгæд æрцæуа!..
610
Сырдоны фæндон фыццаджыдæр фæцыд сылгоймæгты зæр-
дæма^: ныр мах дæр тæрхоны иымад уыдзыстæм!... Дзæгъæлы
хæстытæм нæ лæппуты нал ауадздзыстæм!.. Æцæг, кæйдæрты
лæрдæмæ нæ фæцыд, Сатана кæй уыдзæн уыцы тæрхоны лæгтæй
пу — мæнæй цæмæй хуыздæр у?! /Ез ма лæгтæм уæддæр нæ лæбу-
рын!.. Фæлæ æргом сдзурын йæ ныфс ннчи бахаста. Цорæйы мад
сс ’ппæтæн дæр сæ зæрдæмæ фæцыд — сабыр æмæ фæлмæн адæй-
маг уыди. Равзæрстой ма ноджы дыууæ сылгоймаджы æмæ сæ
бакодтой хистæрты фарсмæ. Ныр фарастæй фæхицæн сты æмæ
тæрхон кодтой сæхимидæг. Сразы сты Сырдоны фæндоныл...
Сразы Цорæйы мад дæр, йæ цæссыгтæ сæрфгæ: сæрыстыр мыи у
æмæ йын зын уыдзæн, фæлæ йын цы кæнон, йæхи аххос у... Иу
афæдз бирæ нæу æмæ кæд бафæразид, цы йын кæнон?..
Алафарн радзырдта адæмæн:
— Абонæй фæстæмæ нæртон дзыллæйы ’хсæн уыдзæн ацы ног
æгъдау: æхсæны тæрхоны уыдзысты нæлгоймæгтимæ сылгоймæг-
тæ дæр, æрмæст хистæр уыдзæн лæгтæй иу, иннæтæ — æмбæрц,
æмбар, æмхуызои!.. Цорæйæн иу азы ’мгъуыдмæ хъодыйы тæр-
хон, æрмæст йæхи удæн, йæ бинонтæм нæ хауы, уыдон нырмæйау
цæрдзысты не ’хсæн!.. Ууыл фæци абоны тæрхон... Ныр у, æмæ
сыхаг адæмимæ бафидауыны хъуыддаг бакодтам æртæ хистæры
бар: Сырдои, Фæриыг æмæ Сугъар иуцалдæр кæстæримæ фæцæ-
уæит æмæ бафидауæнт, хатыр ракурæнт мах номæн æфхæрд адæ-
мæй æмæ сын сæ фос аздахæнт!..
* * *
Сырдон хæдзары Фарийы кæугæ баййæфта. Чызг æм йæхи
æрбаппæрста æмæ йæ Сырдон йæ хъæбысы куы ныккодта, уæд
нырдиаг кодта: «Тæригъæд у!..»
— Басабыр у, мæ чызг... Бафæраздзæн иу афæдз, бирæ нæу...
Мæи дæр нæ фæндыд, фæлæ дзы хуыздæр амал ницы уыд... Ныр
фосы хицæуттæ дæр тыхы сæрыл куы ныллæууой, уæд цы кæн-
дзыстæм?.. Хъуыдыйаг уый у... Цорæйæн иу афæдзы тыхст бирæ
нæу, фæлæ адæм куы бахауой цæрæнбонтæм фыдбылызы, æз
уымæй тæрсын, мæ чызг... Хæсты тасы бын та цæрæм ам дæр?..
Фари пæ кæуынæй банцад, фæлæ Сырдон фæхъуыдыйыл:
æрмæст тæригъæды охыл кæуы мæ чызг æви ма дзы æндæр исты
нс æмæ йæ æз нæ зонын?.. Ницы зæгъын уыд йæ бон бæлвырдæй,
бафæрсын та йæ цæсгом нæ бахъæцыд æмæ ныууапла уыцы сагьæс.
Фæриыг чысыл зоны чынты ’взаг æмæ, чи зоны, уый фæрцы
кæрæдзи бамбарæм, науæд къухтæ ратил-батилæй цæй фидауæи
611
ис?.. Бирæйæ цæуын ницæмæи хъæуы, Фæрныг, æз, Сугъар —
лæдзджытимæ... Кæстæртæ — алкæмæн дæр фæйнæ ’ртæйы. Фаг
стæм, æндæр нæ хъæуы, — скарста Сырдон æмæ дыккаг бон дыу-
уадæсæй араст сты балцы сæ дард сыхæгтæм. Цыдысты сабыргай,
тагъд кæдæм кæнæм, зæгьгæ. Ницы ныфс сæ уыдп кæрæдзп бам-
барынæй æмæ ууыл тыхстысты, фæлæ уæддæр цыдысты, æмæ
æртыккаг бон райсомæн бахæццæ сты иу уæтæрмæ.
Куыйты рæйдмæ ракастысты фыйæуттæ цалдæрæй. Куыйтæм
фæдзырдтой æмæ уыдоп алыгъдысты, фæлæ сæм сæхæдæг æв-
вахс нæ цыдысты æмæ уæд Сырдои йæ бæхæй æрхызт, Фæрны-
джы дæр æрхизын кодта æмæ уыимæ йæхæдæг бацыд йæ лæдзæ-
джы æнцæнтты, тынг зæронд лæджы хуызы уæтæры фыййæут-
тæм. Салам сыи радта, йæ сæрæй сыи акуывта æмæ уыдон дæр
цыдæр сдзырдтой, сæ сæртæп йын акуывтой. Фæрныг дæр фæз-
мыдта Сырдоны митæ æмæ сæ саламы ныхæстæ куы фесты, уæд
æм Сырдон бахатыд: чынты ’взагæй ма сæм сдзур, саламы ныхас,
уæд та сæ исчи æмбары... Фæрныг сын салам загъта чынты ’вза-
гæй æмæ сæ иу бахудæгау кодта, фæлæ йын дзуапп нæ радта. Йе
’мбалимæ асусу-бусу кодта æмæ стæй хъæрæй адзырдта кæмæдæр
уæтæры иннæ кæронмæ. Чысыл фæстæдæр уырдыгæй æрбацыд
иу ацæргæ лæг æмæ йе ’мбæлтты цæмæйдæр афарста. Уыдон ын
цыдæр рахабар кодтой æмæ уæд Фæрныгæн чынты ’взагæй салам
радта, стæй йын загъта:
— Æз чынты адæмæй дæн... Мæ хицау мæ амы хнцауæн лæп-
нунæ рауæй кодта æмæ ам баззадтæн, мæнæ фыййау цæуын мæ
хицауы фосæн... Ды, загътой ме ’мбæлттæ, не ’взагæн дзурыс æмæ
цы хабар у, цы агурут махæй?..
Сырдонæн фыййауы ныхæстæ радзырдта Фæрпыг æмæ йын
уый загъта:
— Ницы агурæм — уæ хорзæй дарддæр. Фæндаггои адæм стæм
æмæ нын бацамынди — ам цæры зоидджын æмæ хъæздыг хицау.
Фæиды нæ йæ фенын, йæ базоныи... Мах дæр фосдарæг адæм
стæм æмæ, чи зоиы, сымахмæ хорз мыккаг фос разына, уæд дзы
балхæниккам... Гъс уый агурæг стæм, æндæр ницы... Хорз уаид,
куы фæхабар кæниккат уæ хицаумæ æмæ куы базониккам: фысым
иын уыдзæн æви йын фæидиаг нæу нæ фенын... Кæд нæу, уæд
аздæхдзыстæм фæстæмæ... Æндæр ницы... Нæ цыды сæр ын нырма
хъæр кæныи иæ хъæуы. Хицауимæ дзурдзыстæм.
Фæрныг ранымадта ацы ныхæстæ чыитаг фыййауæи, уый та —
хистæр уæтæргæсæн æмæ сын уый бацамыдта: арвитдзæн иу лæп-
пуиы йæ хицаумæ æмæ цы бæрæг æрхæсса, уый базоидзыстут,
фæлæ уал æрхизут уæ бæхтæй æмæ уын фысым уыдзыстæм...
612
Фæрныг сын бузныг загьта æмæ бæлццæггæ иууылдæр æрфис-
тæг сты. Сырдон Урскъахмæ фæдзырдта æмæ йæм уый сындæг-
гай бацыд, йæ разы слæууыд. Сырдон ын йæ идон рафтыдта æмæ
йæ саргъы гоппыл бабаста, стæй йын йæ ныхыл йæ арм æрхаста:
<Цу, хиз!» æмæ бæх араст хизынмæ. Фыййæуттæ бæхмæ кастыс-
ты æмæ сæ мидбылты дисы худт кодтой. Сырдоны дæр уый фæн-
дыд — баууæндой: фосдарæг сты, зонынц хайуанимæ архайын!..
Фыййæуттæ сын æцæг дзæбæх минас æрхастой сæ размæ —
дзултæ, раджы конд, фыдызгъæл бирæ æмæ хъарм бас. Уазджы-
гæ бахордтой, фысымтæй хистæр сæ цуры сбадт æмæ æфсæрмæй
иста къæбæр, хатыртæ куырдта, хуыздæр нæм ницы ис, фæлæ
кæд иæ хицауы бафæнда уæ фенын, уæд уын уый хуыздæр фы-
сым фæуыдзæн, хъæздыг æмæ рæдау лæг у, стæй карз дæр иæу...
Ацы иыхасмæ Фæрныг йæ хъустæ фæхъил кодта, кæд дзы
исты ракъахин, йæ хицау цы лæг у, уый тыххæй æмæ пæ æрфарс-
та, барон лæг у, уый цæмæй бæрæг у, махмæ хицæуттæ тызмæг
вæййынц фылдæр-фылдæры...
Фыййау рахабар кодта, хæрз æрæджы сын сæ фосæй иу чы-
сыл рæгъау, хорз мыккаг хъуццытæ чидæр атардта, фæлæ хицау
иикæй ныццавта, æцæг сæм тынг фæхыл кодта, фæлæ стæй загъ-
та: нæй гæнæн, къæрных Хуыцауы хъуджы дæр давы... Барон
лæг у, æндæра ахæм фосы фесæфт æнцон уромæн нæу... Фос æм,
æцæг, бирæ ис, фæлæ йæ фæллой калгæ ничи кæны, уæлдайаг
пикæмæн у, ис исы нæ мары...
Фæрныг ацы хабар радзырдта Сырдонæн æмæ уый бацин кодта:
— Кæд æцæг ахæм лæг у, уæд бафидаудзыстæм. Йæ фос фæс-
гæмæ йæ къухы кæй бафтыдысты, уый куы базона, уæд ма цæуыл
хъуамæ загьд кæна?.. Мæ зæрдæ мæм дзуры: фæфæндараст уы-
дзыстæм, хъуамæ фидыдыл ахицæн уа хъуыддаг!..
Сихорафонмæ уæтæрмæ æрбахæццæ сты цалдæр баратæй.
Æвæццæгæн, хицауæн фыййау загъта, уазджытæ ллчамшæт дыу-
уадæс сты æмæ уый дæр бирæ фæсдзæуинтæ нæ ракодта Пемæ —
пу-фынддс’ес барæджы. Хнцау сæ чи уыд, уымæн бакастæй базо-
иæн нæ уыд. Дарæс сыл æмхуызон уыд, фæлæ йæ Сырдон базыд-
та къах æмæ къухайстæй, йæ цæсгомы æвæрдæй, æввахс æм кæй
иæ цыдысты. уымæй. Фæлæ Фæрныгæн дæр ницы загьта. Хъуыс-
та, цы дзурдзысты, цы уынаффæ сæм ис. Хицауы æ[)выст лæчтæ
уазджыты къухтæ райстой, цæстæй сæ бæрджытæ кодтой — цавæр
адæм сты, цы агурынц. Уæлдай бæстон йæ цгест дардта уазджы-
гæм хицау æмæ нæ уымæй дæр базыдта Сырдон. «Тынг ныл не
’ууæнды, чи зоны иæ тыхпенæгыл нымайы, развæндаг сгарджы-
гыл...» — хъуыды кæны Сырдон æмæ агуры йæ миднымæр — цы
613
хуызы сæ баууæндын кæна йæхиуыл?.. Не ’хсæн æууæнк куы нæ
уа, уæд хорзæй ницы рауайдзæн нæ фидыдæй дæр. Кæрæдзи зон-
дзыстæм æмæ кæрæдзийæ нæхп хиздзыстæм!.. Уый сыхæгты цард
нæу. Æууæнк хъуамæ уа дыууæ адæмы ’хсæн, уæд кæрæдзийæн
æххуысмæ тырндзысты, знагиуæг дзы иал уыдзæн мыккагмæ дæр...
Бæргæ уый куы бафтид къухы!.. Махæн дæр цæрын фенцон уаид.
Науæд нæхицæй дæрддæр никæй зонæм, знагæй уæлдай ма сыхаг
нсты у, уый иæ уырнгæ дæр нæ кæны... Рагæй фæстæмæ тыхы
сæрыл уыд амад иæ фæндиаг æмæ нæм алчи дæр знаджы цæстæй
касти, мах дæр афтæ, æмæ уый цæй цард у!..
Хпцауы æрвыст лæгтæ фæракæс-бакæс кодтой уазджытæм, сæ
бæхтæм, сæ кæстæрты гæрзтæм, стæй цыдæртæ адзырдтой аивæй
æмæ хистæр фыййау, уæтæргæс загъта Фæрныгæн: хицау ацы
лæгты рарвыста æмæ сын сымах хонын кæны йæ хæдзармæ!..
Фæрныг Сырдонæн бамбарын кодта хонджыты фæндон æмæ Сыр-
дон фæхъуыдыйыл: ацæуа æви раргом кæна, хицауы кæй базыд-
та, уый?.. Тæрсы, æвæццæгæн, ома, чи зоны, тыхгæнджытæ сты,
уæд сын мæхи цæмæн хъæр кæнон, уæд та мæм фæлæбурдтой...
/Ергом иыхасæй хуыздæр дзы ницы уыдзæн, — скарста Сырдон
æмæ Фæрныгмæ бадзырдта:
— Дзур дзырдæй дзырдмæ, цы дын зæгъон, уый. Ацы адæмæн
æз дæн сæ хистæр. Хæцынмæ не ’рцыдтæн, знæгтæ нæ агурын...
Мæн фæнды: сыхаг адæмтæ стæм æмæ хæларæй куы цæриккам,
æууæнк л:мæ зæрдæйы хорз куы уаид не ’хсæн... Æз уынын, мæнæ
ацы лæг у уæ адæмæн сæ хистæр, сæ хицау... Кæд мыл æууæнды,
уæд мæ йæхæдæг фæхонæд йæ хæдзармæ... Искæй хуындæй æз
никæй къæсæрмæ бахиздзынæн... Минас кæнынмæ не ’рцыдтæн,
хæлар агурынмæ æрцыдтæн...
Чынтаг фыййау куы радзырдта Сырдоны ныхæстæ сæ хица-
уæн, уæд уый размæ ралæууыд, Сырдонмæ иу къахдзæф бакодта
æмæ загъта:
— /Ез дæ фæлваргæ кодтон: зондджын лæг адæмы хицауы
æмхуызон дарæсы дæр базоидзæн. Ды зондджын лæг разындтæ
æмæ, ахæм лæджы хæларæн чи нæ бацагура, уый æдылы уыдзæн...
Гы.' æмæ дæ курæг дæн — мæ хæдзармæ саккаг кæн хæлары но-
мыл лæ кæстæртимæ! — йæ сæрæй акуывта хицау æмæ фæстæмæ
иу кьахдзæф алæууыд.
Сырдонæн йæ зæрдæ барухс, — йе ’ргом ныхас йæ нысаныл
сæмбæлд! - æмæ загъта:
— Мæ хорз фысым, стыр бузныг дæ хуынд, дæ саламæй! Мæхи
æмæ мæ кæстæрты дæ уазæг кæнын. Дæ бар ныл цæуы ’мæ нæ
кæдæм кæнай, уырдæм дæ фæдыл цæудзыстæм. Стæй мах дæр
614
фосдарæг æмæ зæхкусæг адæм стæм, лæгæтты нæ цæрæм, æмæ
нæм саккаг кæн дæ кæстæртимæ, кæд дæ бафæнда, уæд...
— Уымæй бузныг, ацы хатт æз дæр фæцæудзынæн уæ бæстæм,
фæлæ сымах мæ кæрты раз кæм стут, уым уал фенут мæ цæхх
æмæ мæ кæрдзын, — худгæбылæй дзуапи радта фысым æмæ йæм
иæ кæстæртæй иу йæ бæх æрбаласта.
Сырдон йæ бæхмæ фæдзырдта æмæ йæ размæ æрбацыд. Сыр-
дон ыл идон бакодта æмæ фæдзырдта кæстæртæм: «Хæмæт, ды ме
’гьдæнцойыл хæцæг! Иу та Фæрныгмæ фæкæсæд. Сугьар, ды
кæстæрты разæй цу, хицауы кæстæртимæ». Хæмæт æрбацыд,
Сырдон æм йæ лæдзæг радта: «Бæхæй куы ’рхизон, уæд та-иу
мæм æй ратт, цыма æз дæ хицау дæн». Сбадт Сырдон бæхыл æмæ
араст фысымы фарсмæ. Уый иу чысыл ауад Сырдоны рахиз фæрс-
ты, стæй йæ галиу фарсмæ ахызт æмæ Сырдонæн æхсызгон уыд:
хистæр æмæ кæстæр нымайы, æгъдауы лæг у!
Цæуынц: Сырдон рахиз фæрсты, йæ фарсмæ Хицау, уый фарс-
мæ та Фæрныг æмæ чынтаг фыййау. Сæ фæстæ Хæмæт æмæ Хи-
цауы фæсдзæуинтæй иу. Уыдон фæстæ та иннæ барджытæ, сæ
разæй Сугъар æмæ фысымты лæппутæй иу.
Сырдоны зæрдæ нал æхсайдта йæ фæндаджы нысанмæ — ба-
фидаудзыстæм! Æмæ дзырдарæхстæй ныхас кодта йæ ног зонгæи-
мæ, фарста йæ царды æууæлтæй, цы сæм хуыздæр зайы хоры
мыккагæй, фосæй цы фылдæр дарынц, адæмтæй кæимæ æмбæ-
лынц, чи ма сын ис сыхæгтæ, зымæг сæм даргъ æмæ уазал у æвн
цыбыр æмæ æнцон хæссæн?.. Æрæджиау æй бафарста йæ номæй
дæр æмæ уый бацамыдта йæхи: мæ ном Ахлæу Тасолы фырт. Ба-
цамыдта йын Сырдон йæхи æмæ Фæрныджы нæмттæ дæр. Ныр
сын фенцондæр кæрæдзимæ дзурын æмæ сæ фæндаг райгæ цы-
быр кодтой. Хъæумæ куы бахæццæ сты, уæд сыл фембæлд дзæв-
гар адæм æмæ Сырдон ахъуыды кодта: уазæг сæм арæх æфтаг
иæу æмæ уымæн афтæ цымыдис сты. Бæлвырд у, æввахс цæрæг
сæм ничи ис, мах уыдзыстæм сæ фыццаг сыхæгтæ æмæ кæрæдзи-
мæ фыдæх куы нæ уæм, уæд нын æнцон цæрæн уыдзæн ацы зæх-
хыл... Фидауын хъæуы, стæй кæд схæлар уаиккам!..
Минасы фынгыл фæбадтысты иудзæвгар. Нозт дæр сæм ра-
зынд, цыдæр рог æмæ хæрзад, къуымæлы хуызæн, зæрдæ йæ иста,
фæлæ дзы нартæ, хъæбæр нозтыл ахуыр, расыг нæ кодтой, æр-
мæст сæ зæрдæ фæхъæлдзæгдæр... Фынгтæ куы систой, сæ къух-
тыл сын дон куы ’ркодтой, уæд кæстæртæ ацыдысты кæртмæ, нæ
бæхтæм акæсæм, зæгъгæ, æмæ хицау бамбæрста, хистæрты фæн-
ды йемæ хицæнæй аныхас кæнын... Нæ фæндыд Ахлæуы чынтаг
фыййауы цур ахсджиаг ныхасыл схæцын, фæлæ уазджыты ’взаг
615
нæ’зоны æмæ цы кæна?.. Фæлæуу-ма, хъуыды кæны Ахлæу, —
чынты ’взаг не ’фсин дæр куы зоны, уæд ма мæ фыййау цæмæн
бахъуыд?.. Æцæг, чи зоны, ацы адæммæ аив нæ фæкæса сылгой-
маджы цур бадын æмæ ныхас кæнын?.. Не ’фсины афæрсон уæд-
дæр, чи зоны, йæхи дæр нæ фæнды æцæгæлон адæмы размæ бацæ-
уын?.. Фысым иу чысыл йæхи асайдта уазджытæй æмæ бацыд йе
’фсины фæрсынмæ: фæнды йæ уазджытимæ базонгæ уа æви нæ?..
— Базонгæ та цы хоныс, уаих фæуай?.. Сæ кæстæрты ныхас-
мæ сын айхъуыстон æмæ нарты ’взагыл дзурынц, æз та фыццаг
уыдон чындз уыдтæн, зонын сын се ’взаг, стæй мын уым саби
баззад, чи зоны йæ зонынц, цы баци, кæм и? — Æфсин йæ цæсты-
сыг асæрфта æмæ бахудæгау кодта. — Лæг не ’мбары, саби йæ
мадæн цы у, уый... Цал азы рацыди, мæнæ зæронд кæнын рай-
дыдтон, фæлæ мæ зæрдæ æдзух йемæ дзуры: кæм и, куыд у, мыййаг
ыл кæд исты ’рцыди?.. — усæн та йæ цæстытæ донæй айдзаг сты. —
Хъуамæ сæ бафæрсон, чи зоны йын исты зонынц...
Лæг сразы, æхсызгон дæр ма йын уыди: ныр исты ахсджиаг
ныхас, уæд йе ’фсин йæ фарсмæ уыдзæн, фæсдзæуинтæ дæр ницы
базондзысты йæ хъуыддæгтæн... Бацыд фæстæмæ уазджытæм æмæ
сын рахабар кодта: кæд уе ’гъдаумæ гæсгæ æмбæлы, уæд уын ме
’фсины базонгæ кæнон?.. Нырмæ дæр æй æмбæхсгæ нæ кодтон,
фæлæ уе ’гъдау куыд амоны, уый нæ зыдтон... Ныр, аипп ма уæд,
фæлæ — куыд амоны уе ’гъдау?..
— Стыр хорзы нын бацæуис, куы нын æй равдисис, — загъта
Сырдон, Фæрныг æмæ Сугъары номæй дæр. — Мах нæртон адæм
афтæ нымайæм: Хуыцау зонд куы уæрста, уæд нæлгоймаг æмæ
сылгоймаджы сæрыл нæ уыд йæ уæрст. Рæсугъддзинад куы уæрс-
та, уæд та йæ фылдæр æмæ йæ хуыздæр сылгоймаджы фæци...
Гъе æмæ нын стыр лæггад бакæндзынæ, де ’фсин нæ цурмæ æрба-
цæуын куы саккаг кæна, уæд...
Фысым ацыд æмæ æрбакодта йе ’фсины. Уый сын чынты ’вза-
гæй салам радта æмæ сын сæ къухтæ райста. Фæрныджы къухмæ
куы февнæлдта, уæд ыи йæ цæсгоммæ бакаст æмæ фæджих, стæй
сдзырдта:
— Бурæ?..
— О, Бурæ... æмæ Фæрныг, — æрхæцгæ сдзырдта Фæрныг дæр.
Сырдон æмæ Сугъар зыдтой, Фæрныгæн йе ’фсины дарæнæй
чынты абырджытæ кæй аскъæфтой, уый, фæлæ æфсинæн йæхи
цæсгомæй иæ зыдтой. Фæрныг йæ рæсугъд усы никæмæн æвдыс-
та. Уæд Бурæфæрныг уыд, йæ сæр уæлейæутты хаста. Йæ фæл-
лойы цæсты касти адæммæ. Æхсæртæггатимæ быцæуыл лæуд,
Алæгатыл та — уæлæхох: зæхх змæнтын æмæ уæлæрвтæм куывы-
616
нæй дарддæр ницы зонынц!.. Ныр уæды Бурæфæрныг нал у, ра-
пвта, æрныллæг, къæвдахост мæкъуылау, æрбадти...
Сырдон æмæ Сугъар дæр джихæй кастысты Фæрныг æмæ хи-
цауы ’фсинмæ. Бæрæгуыд, адон кæрæдзи зоныиц, фæлæ кæцæй?..
Цццы ’мбæрста хъуыддагæи фысым дæр, фæлæ уый зыдта, пæ ус
раздæр нарты чындз кæй уыд, чынтæ йæ кæй раскъæфтой æмæ
иæ стæй уыдонæй бирæ фæллойы аргъмæ кæй балхæдта.
— Цы хур, цы къæвда уæ æрхаста ардæм? — æрæджиау бафарста
æфсин.
— Нæ бæхты фæрцы æрцыдыстæм, — сдзырдта Фæрныг саст
хьæлæсæй иæртон æвзагыл æмæ ус дæр уыцы ’взагмæ рахызт.
— Фистæгæй не стут, уый зонын, фæлæ нæртон дунейæ ардæм
куыд æрхаудтат?..
Сырдон уый куы базыдта, æфсии се ’взаг зоны, уæд бацин
кодта — ныр нæ хъуыддаг æцæг лæгъз ацæудзæн! — æмæ ныхас
йæхимæ айста.
— Хорз æфсин, бахатыр кæн, не ’взаг нын зоныс, уæд саккаг
кæн, нæ уæле æрбад æмæ дын æппæт дæр бæлвырд радзурдзыс-
тæм: нæ цыды сæр æмæ кæцæй æрцыдыстæм, уый дæр.
— Уымæй бузныг, нæ уазджытæ, — фæзылд ус Сырдонмæ. —
Фæлæ уын æргом зæгъинаг дæн: мæнæ Бурæ мæ сæры хицау уыди
иæртон зæххыл, стæй мæн аскъæфтæуыд, æмæ ардæм æрхауд-
тæн... Ныр ам хицау дæн мæ лæгимæ. Мах — фысымтæ, сымах —
уазджытæ. Цы мæ бон уа, уымæй æз — уæ хæрзгæнæг! Æрмæст
Бурæ мæ лæг уыди раздæр, уый фысымæи дзурын нæ хъæуы...
Чм зоны, цы ахъуыды кæндзæн?.. Бурæ та зонды лæг у æмæ бам-
бардзæн: ивгъуыд боныл хур нал скæсы!.. Цы уыд, уый уыди æмæ
фæци... Дон быдырмæ цæуы, фæлæ хæхтæм нал здæхы... Сыма-
хæй та иу хæрзиуæг курыи: цы фæци мæ хъæбул?.. Мæ фыны,
мæ хъалы дæр мæ зæрдæ уыимæ дзуры... Ис мын ам дæр æртæ
лæппуйы, фæлæ уый мæ фмццаг зæрддаг у, хъæбулы ад уымæй
базыдтон æмæ цы баци? — ус йæ кæлмæрзæны цыллæ кæронæй
йæ уымæл цæстытæ асхъаудта æмæ фæсабыр: йæ зæрдæ бамыр,
бакука — мыййаг, кæд мæ хъæбул нал и а дунейыл!..
— Бахатыр кæн, чындз, - дзуры йæм Сырдон. - Ахæм номæй
дæм кæй дзурын, уый дæр мын ныббар. Цы хæрзиуæг нæ агурыс,
уый дын уыдзæн, фæлæ уал мын дæ ном куы зæгъис. Худинаг
мын у, кæй йæ нæ зоныи, фæлæ мын ныггæдзæ кæн!
— Мæ ном Бурæ зоны, Госæма хуыйнын, фæлæ мын мæ хъæ-
булæй^исты зæгъ, дæ хорзæхæй!..
— Йæ ном ма дæ зæрдыл лæууы? — фæрсы Сырдон æмæ йæ
мндбылты худы. Сылгоймаджы зæрдæ фæкъæпп кодта: æвзæр
617
исты, уæд худгæ нæ кæнид æмæ уый дæр зæрдиагæй бахудт, йæ
дæндæгты урс уадздзаг цымгьуыз былты ’хсæнæй ферттывта æмæ
Сырдонмæ хæрзиуæггæнæджы цæстæй бакаст.
— Искуы ма мад йæ хъæбулы ном рох кæны, мæрдты дæр?..
— Уырны мæ, фæлæ йæ ды цы хуыдтай, уый зонын мæ фæн-
ды...
— Цы хуыдтон?.. Хæмæт — мæ мæт!.. Хъазыдтæн-иу сабийæ...
— Мæнæ диссаг! Раст æй æз дæр афтæ куы хонын, — сцин кодта
Сырдон æмæ хъæрæй адзырдта кæртмæ, дуар гом уыд æмæ фехъуыс-
дзæн. — Хæмæт! Кæд ма кæныс мæ мæт, уæд мын — мæ лæдзæг!
Чысыл фæстæдæр уазджытæм æрбацыд æрыгон лæппу. Ныр-
ма тæнæг арæзт, фæлæ рæхсиæг æмæ уæрæх уæхск. Йæ цæсгом
рæсугъд æмæ фæлмæн, стыр æрвгъуыз цæстытæ æргом кастысты
дунемæ, цыма цыдæр хæрзиуæгæнхъæл, чысыл фæлмас æмæ æр-
хуым. Лæппу балæвæрдта Сырдонмæ лæдзæг æмæ дыууæ къах-
дзæфы фæстæмæ алæууыд, сылгоймаг фысымæн йæ сæрæй акуыв-
та, фæлæ йæм комкоммæ нæ бакаст, тарст — къæйныхыл æй куы
банымайой фысымтæ.
Госæма иуцъусдуг æдзынæг фæкаст лæппумæ, стæй йæм рæв-
даугæ бадзырдта:
— Хæмæт, дæ нывонд мæ сæр фæуа, комкоммæ ма мæм æрба-
кæс, дæ цæстытæ дын фенон... — Хæмæт йæ цæстытыл схæцыд
æмæ фысымы усмæ комкоммæ бакаст. Йæ зæрдæ ныррызт: гыц-
цийы хуызæн!.. Нæ, гыцци ам цы ми кæны, уый чынты бæстыл и
кæмдæр... — Гъеныр ма худгæ дæр бакæн, дæ нывонд фон, дæуæн
зын иæу, мæнæн та æхсызгон уыдзæн. — Цы мыл ныцъцъæх ацы
ус, йæхимидæг бакатай кодта Хæмæт æмæ æнæбары бахудт, фæлæ
йæ цæстытæ ноджы ферхæндæгдæр сты æмæ мады зæрдæ нал
фæлæууыд. — Исты ма мæм сдзур, Хæмæт, æз ацы уысммæ куы
’нхъæлмæ кастæн цæрæнбонты, уæд мæм куыд тызмæгæй кæсыс?..
— Цы дын зæгъон, хорз æфсин, кæстæр дæн, дзурыны рад
мæм нæ хауы...
— Дзур, дæ сæрыл хаст фон, дзур, цыфæнды дзур, æрмæст
дзур!..
— Уынын, мæ мады æнгæс дæ, фæлæ мæнæн мад рагæй нал
ис, — æнкъардæй бакодта Хæмæт æмæ мад нал фæлæууыд.
— Ис, мæ хъæбул, ис!.. — фестъæлфыд æмæ лæпнуйыл ныт-
тыхст, ныккуыдта, ныдздзынæзта æмæ Хæмæты цæсгом йæ пъа-
тæй, йæ цæссыгæй уымæл хъулæттæ скодта. Хæмæт фыццаг нал
зыдта, цы акæна: йæ зæрдæ фырцинæй рызти, йæ цæстысыг хивас-
тæй хъуызыди йæ рустыл, фæлæ йæ мадыл атыхсын йæ цæсгом
иæ хъæцыд, къæмдзæстыг кодта Сырдонитæй. Стæй уæд йæхи-
618
уыл фæхæцыд, йæ мады кæлмæрзæиы къалиуæй асæрфта йæ цæс-
сыгтæ, бахудти йæ мадмæ æмæ йын йæ цæсгом сæрфтытæ æмæ
лæгьзытæ райдыдта, цыма йын йæ цæссыгтæ сæрфы, уыпау.
— Гыцци, цæуыл ма кæуыс, мæнæ дын куы дæн!.. Ма ку, æн-
дæра дыл Сырдон фæхуддзæн, — иууыл стырдæр цин æвзары
Хæмæты сабп зæрдæ, фæлæ нæ зоны уымæн йæ иом, нæ йæ фæ-
разы сдзурын, ахæм æвæджиауы цин у, йæ гыцципы кæи уыны,
уый!.. — Стæй худгæ нæ, зарæг дыл скæидзæн!.. Æви ды Сырдо-
пы нæма зоныс?.. Куы йæ зонис, гыцци, уæд фыццаг ууыл цин
кæнис, ацал-ауал азы мæ дæ бæсты уый рæвдыдта, мæ зæрдæ-иу
дæу мысгæйæ куы суынгæг, уæд-иу мыл уый узæлыд æмæ, кæ-
сыс, мæиæ куыдзиас лæг сдæн... Мауал ку, гыццн, фæлтау дæ
уазджытыл бацин кæн, мæ иунæджы бонтæ уыдон фæрцы батыд-
тон æвыд æмæ сæрæгасæй...
— Хорз, гыцци дæ нывонд æрбауа, уазджыты мæ бар уадз, ды
æцæг куыдзыйас ныддæ æмæ дæм æххæсгæ дæр иал кæнын, —
буцæй кæсы йæ лæппумæ Госæма. Æвæццæгæн, мадæн йæ хъæ-
бул куыд стыр кæны, афтæ йæхæдæг та чысылдæр кæны!.. Хорз,
мал хъæбул, цу уал де ’мбæлттæм, æидæра æгæр нæхиуыл фес-
тæм, æмæ худинаг у.. Цу уал, Мæмæт, æз уазджытæм æркæсон...
Хæмæт ацыд æмæ Госæма фыццаг йæ лæгмæ бакаст: радзырд-
та йын, йæ хъæбулы кæй ссардта, адои йæ хъæуккаг нæртон адæ-
мæй кæй сты æмæ сыл ныр æцæг кæй бацин хъæуы... Абонæй
стырдæр цин мæныл никуыуал æрцæудзæн, фæлæ куывдмæ раз-
дах хъуыддаг!.. Кусарт акæнæнт, иннæ хæринæгтæ мæхи бар уадз.
Ис нæм æппæт дæр, æрмæст уазджыты барæвдау. Дæуæй æмæ мæ
хъæбултæй фæстæмæ мæнæн а дунейыл зæрддаг дæр адæм ничи-
уал ис... Сæхи уал сын фæуадзæм, кæстæртæн зæгъæм æмæ куывд
срæвдз кæной, стæй сæм уæд рацæудзыстæм... Цом, мауал фæсти-
ат кæнæм... Цом нæхи уатмæ, уырдæм фæдзурон мæ фыццаг хъæ-
булмæ æмæ йæ йе ’фсымæртимæ æмæ дæуимæ базонгæ кæнон. Ныр
цыппар æфсымæры уыдзысты!.. Æиæхъæн хъæубæстæ.
Лæг ацыд, Госæма та Сырдоимæ бадзырдта:
— Сырдон, ныххатыр кæн, дæ номæй дæм кæй дзурын, фæлæ
дæ мæ хъæбул уыцы номæй схуыдта æмæ мын æхсызгон у нæ
дзурын... Ныр мын иугæр мæ зæрдæны скъуыддзаджы мæ бæсты
рæвдыдтай, уæд дын абонæй фæстæмæ мæ сæрастæу фæндаг!..
Ацы бæстæ æмæ ацы адæмыл чысыл мæ бар цæуы æмæ мæм цæ-
мæй баулæфай нартæн хæрзиуæгыл, мæ бон уæвгæйæ, алцы дæр
сараздзынæн... Ныр мæ уазджытæ стут æмæ мын чысыл фæгæдзæ
кæнут, хæдзары змæлдтытæ бирæ ис, æз ам æхсин дæн, иарты
уæзæгыл Сатана куыд уыди, афтæ, æмæ сын зæгъон, истытæ ацæт-
619
тæ кæной... Абон мæныл стыр цины бон ныккодта æмæ куывд
кæнын!.. Сырдон, ды та дзы кувæгæй хъуамæ бадай!.. Дæ зонды
ныхас амы адæммæ чи фæхæццæ кæна сæхн ’взагыл, уый та дын —
мæхæдæг!.. Бурæмæ хъыг мацы фæкæсæд... /Ехсызгон мын у,
сæрæгасæй йæ кæй уынын, нæ лæппу йæ фарсмæ, тала бæласау,
арвмæ кæй фæцыд... Хуыцау нын иумæ фæцæрын нæ загьта, æвæц-
цæгæн, æмæ ууыл та маст нæ хъæуы...
— Куы ницы маст кæнын, Госæ-рæсугъд, — йæхи нал басаста
Фæрныг дæр. — Цин кæнын, удæгас æмæ дæ дзæбæхæй кæй
уыиын... Æз æндæр ницæмæуал бæллыдтæн æмæ йæ бавзæрстон
мæнæ мæ зæры бои... Цин кæныи æз дæр, ноджы мæ иунæг йæ
сидзæры мастæй кæй фервæзт, ууыл уæлдайдæр...
— Гъе, æмæ æгайтма афтæ у! — æхсызгон уыд усæн Фæрны-
джы уæздаи ныхас. — Чысыл фæгæдзæ кæнут, зæп>он мæ кæс-
тæртæн æмæ уæм зындзынæн, иæ лæджы дæр барæвдз кæнон,
стæй ам уыдзыстæм...
Цыдæр æрцыд Фæрныгыл: нырмæ йæ маст исыиыл уыд йæ
усы скъæфджытæй, фæлæ йын уый фадат нæ фæци: иæ зыдта —
чи уыдысты, чынтæи се ’ппæтмæ куыд лæбурдтаид, кæм хæтынц,
кæм сæ агура!.. Гъе, æмæ быхста йæ зæрдæйы стыр хъыг, агуырд-
та мæлæт хæсты дæр, фæлæ дзы ницы рауад... Ныр базæронд, йæ
кæддæры усы нал мысыд, маст райсыны фæндиаг дæр байсыст
ацал-ауал азы дæрпэы, фæлæ ма йæ фæндыд уæддæр йæ фенын...
Æмæ йæ мæиæ бавзæрста... Ныр йæ мидзæрдæйы удæицой ссард-
та. /Ехцон уыд йæ удæн, йæ иунæг лæппу сидзæр кæй иал у, уый
дæр. Йæхицæн дæр æй нæ хъæр кæны, фæлæ йæхимидæг арфæ
кæны, хъуццыты чи атардта, уыцы лæппутæн дæр — уый иæ уыд,
уæд, чи зоны, æппындæр никуы базыдтаид, цы фæци æмæ кæм
и... Ныр йæ зæрдæ хурварс абадт: мæ лæппу йæ мады ссардта,
сидзæр нал у йæ зæрдæ!.. /Ецæг, йæ зæрдæйы рæбын бахъынцъым
кодта: мæ лæппу мæнæй рæвдыд нæ зыдта æмæ йæм цыма Сыр-
дон æввахсдæр у, афтæ уыд йæ ныхас...
— Цыма фæфæндараст стæм, Сырдон, афтæ мæм кæсы... Мæ
нымадæй адои махæй ницыуал æрдомдзысты, чи зоны æмæ хъуц-
цыты фæстæмæ комгæ дæр нал бакæной... Мах дæр сын исты ныб-
бæтдзыстæм æмæ хабар фидыдыл банцайдзæн... Куыд дæм кæсы?..
— Цы мæм хъуамæ кæса?.. — запла Сырдон. — Гæнæн ис,
æмæ дæ дзырд æрцæуа, фæлæ сын мах хъуамæ цæхгæр зæгьæм:
уæ фос уыи дæттæм, кæй сæ аскъæрдтой уе ’вастæй нæ кæстæртæ,
уый та нын хатыр ныккæнут... Ахæм хабар никуыуал уыдзæн не
’хсæн, — ранымадта Сырдои. Уымæ афтæ фæкаст, цыма Фæрныг
æмæ Сугъар цин кæнынц: хъуыддагыл пыхас куывды фæстæ уы-
620
дзæн, уæдмæ балымæнтæ уыдзыстæм æмæ хъуццыты давд фæсду-
ар аззайдзæн. Сырдоны уый нæ фæидыд æмæ сæм фысымтæ —
лæг æмæ ус — фæстæмæ куы ’рбацыдысты, уæд сæ Сырдон йæ
фæйнæ фарс æрбадын кодта æмæ сын афтæ зæгьы:
— Хатыр мын бакæнут, мæ хорз фысымтæ, стыр бузныг уæ
дæн — уе ’гъдау æмæ уæ узæлдæй. Фæлæ æз сымахæй чысыл
хистæр дæн, æмæ уæм уæ нæмттæй дзурын... Госæма æмæ Лх-
лæу, абон уæ фыццаг хатт уыныи, фæлæ мæ зæрдæмæ фæцыдыс-
тут, æмæ мæн, мыййаг, искуы нартæ се ’хсæн цæрыны аккаг куы
иал хоной, уæд сымахмæ ралидздзынæн, — Сырдон йæ ныхас дард-
дæр кодта. — Мах, нæртон дзыллæйы иу хай, сфæнд кодтам цар-
дагур искуыдæм фæлидзын. Рараст стæм иæ дард балцы æндæ-
раз, зымæджы райдиан æмæ уалдзæгмæ æрхæццæ стæм иу хъæд-
рæбын быдырмæ... Лрдыгæп дыууæ бонцауы æддæдæр.. Мæнæ
сымах комæй цы дон цæуы, уый былгæронмæ æввахс... Æрцардыс-
тæм. Хуым бакодтам æмæ дзы иу зымæг дзæбæхæй арвыстам...
Ныр дæр та хуым бакодтам, рæхджы хос æркæрддзыстæм зымæг-
мæ æмæ та истæмæйты цæрдзыстæм... Уæхæдæг зонут, тулгæ ду-
рыл хъуына нæ хæцы, цæрддзу чи кæиы, ууыл та цард нæ хæцы...
Мах дæр немæ цыдæртæ райстам нæ фæллойæ, нæ фос дæр рас-
къæрдтам, фæлæ фæндагыл йæ фылдæр хæрд фæци, цы ма нæм
аззад, уыдон сабитæн æхсыры фаг дæр нæ кæнынц... Нæ кæстæр-
тæй уый чидæртæ йæ зæрдыл бадардта æмæ сымах фосы бирæ
куы федтой, уæд загътой: ардыгæй фæззæгмæ сæ аскъæрæм, нæ
сидзæр сабитæи æхсыр уыдзæн, стæй сын сæ ратдзыстæм, æхсы-
ры аргъ дæр сын бафиддзыстæм... Махмæ, адæмы хистæртæм,
уый хорз нæ фæкаст... Лæнпуты бафхæрдтам æмæ мæн æмæ ацы
дыууæ хистæры та адæм рарвыстой фидауыимæ... Загьтой: фæ-
цæут, хатыр ракурут нæ сыхæгтæй, зæгъут сын, уæ фос сæрæгас
æмæ æнæхъæн сты, рацæут æмæ сæ аскъæрут. Кæд уæ уый нæ
фæнды, уæд нын сæ аргъ зæгъут æмæ уын æй бафидæм... Фæлæ
хъуамæ фидыдæй, кæрæдзийыл æууæндгæйæ цæрæм нырæй фæс-
тæмæ. Хæрам æмæ фыдæх нæ, фæлæ æууæнк æмæ хæлар хъуамæ
уа не ’хсæн нырæй фæстæмæ. — Сырдон сыстад æмæ йæ фæдыл
фестадысты Сугъар æмæ Фæриыг дæр.
Фестад Ахлæу дæр æмæ Сырдоиæн йæ цонгыл æрхæцыд:
— Сбадут, уæ хорзæхæй... /Ез лæмбынæг хъуыстон дæ ныхас-
мæ, мæ хорз уазæг... Раст дын куы зæгъон, уæд мæ зæрдæмæ
фæцыдтæ мæнæ дæ уæздан ныхасы фæстæ нæ, фæлæ ма мæ кæс-
тæрты ’хсæн куы базыдтай, уæдæй фæстæмæ... Уынут æй уæхæ-
дæг, нырма не ’фсииимæ иæ ныхас кодтон æмæ афтæ нæ зæгъдзыс-
тут: се ’фсин йæ лæппуйы ссардта æмæ уый цинæй алцы дæр бары...
621
Мæхи хъуыды уын зæгъын... Ме стурты сæфт мын хъыг уыди,
цы йæ ’мбæхсон. Зын мын уыд, кæй сæ адавтой кæнæ аскъæрд-
той, уый... Нæ зæххыл ахæм ми фыццаг хатт æрцыд æмæ, чп
зоны, уый тыххæй... Сымах мын сыхæгтæ стут, уый нæ зыдтон,
фæлæ мын ис æидæр сыхæгтæ æмæ давд уыдонæй æнхъæл уыд-
тæн... Ныр иугæр хъуыддаг уæхи дзыхæй дзурут, хатыр курут
æнæхъæн адæмы номæй, уæд уый мæнæн хъуджы рæгъауæй бирæ
зынаргъдæр у!.. Уый у уæ адæмы рæсугъд æгъдауыл дзурæг...
Мæ фыдæй хъуыстон, хорз сыхаг æфсымæрæй дæр хуыздæр у...
Уæ ныхас æмæ уе ’гъдау куыд амонынц, афтæмæй мæныл уыцы
хорз æрцыди — хорз адæм æрцардысты мæ цуры æмæ уый амон-
ды нысан у...
Гъе, æмæ нымайын: мæ бон уын цы у саразын?.. Фыццаг уый,
æмæ хъуццыты хабар ферох кæнæм, цыма нæ уыди, афтæ йæ ба-
нымаиæм... Кæд сæ æхсырцух сабитæн байуæрстат, уæд сыи хæ-
лар уæит!.. Адæмæн зæгъут: иу сыхаг нын ис æмæ уый чысыл
сабитæн лæвар кæиы цалдæр хъуджы — чи зоны мæ искуы хорзæн
мысой... Æрмæст иу хабар: мыггаг фæхуыздæры тыххæп сæ рав-
зæрстон æмæ мын фидæн уалдзæг сæ сыл родтæ раттут æмæ ам
дæр амыггаг кæной... Дыккаг уый, æмæ лæппуты се ’фхæрдæй
суæгъд кæнут... Зæгъут адæмæн: хъуццыты хицау курæг у нæр-
тон дзыллæйæ — ныббарут лæппутæн сæ рæдыд!.. Мæиырдыгæй
та сын иу æфхæрд: хосгæрдæны мæм фæкæсæнт иу къуыри мæ
иннæ хъуццытæн зымæгдзæл ракæрдынмæ... Стыр æфхæрд иæу,
стæй мæ сæ пайда дæр тынг не ’ндавы, фæлæ мæ фæнды — нæ
лæппутимæ куы базонгæ, куы схæлар уаиккой æмæ кæрæдзи æф-
сымæрæн куы агуриккой... Уый иууыл стырдæр пайда уаид ма-
хæн дæр æмæ сымахæн дæр... Фæззæджы бонтæм ма сын кусæрт-
тæгтæ дæр иыббæтдзынæн, уæдæ куыд?..
— Йедау фæу, иæ хорз фысым, уый цæй æфхæрд у, — нал
фæлæууыд Фæрныг, — уый сын ноджы лæвæрттæ куы кæныс!..
— Лæвар уыдонæи ницы мæ бон у, — зæрдиагæй бахудт Лх-
лæу, — фæлæ мæнæ ме ’ртæ лæипуйæн цыппæрæм æфсымæры
æркодтат уемæ æмæ уын афтид армæй нæ арвитдзынæи, кæд уый
дæр уыд мæ хъуццыты скъæрæны, уæддæр...
— Уын, мæ хур, ахæмтæм не рæхсы, — дзуапп радта Фæрныг.
— Иууыл хуыздæр цы зоны, уый — фæндыр цæгъдын æмæ уадын-
дзæй зарын... Мæнæ Сырдоны зондджын лæг хоныс, фæлæ уый
дæр æндæр ницы зоны, раст æй йæхн хуызæн сахуыр кодта... Гъе
æмæ дæм кæд хорз уадындз ис, уæд ын тæрс!..
— Уый мын ноджы стырдæр цины хабар куы загътай, мæ
уазæг!.. Мæ фыд дæсны фæндырдзæгъдæг уыд, мæи дæр ахуыр
622
кодга, фæлæ мæ ницы рауад, æрмæст цæгъдын æмæ искæй цагъд-
мæ хъусын уарзын... Ныр мæ хъул атылдн, науæд нæ зыдтон,
цæмæй схъæлдзæг кæнон мæ уазджыты, æмæ мæ сæхæдæг схъæл-
дзæг кæндзысты... Лхæм уазæг Хуыцауæй курæгау у!..
— Разы дæн, — дзырд йæхнмæ айста Сырдон, — ахсæв бонмæ
дæр цæгъддзынæн дæ рухсыбадинаг фыды фæндырæй, чи зоны
мæм нæ фæхъыг уа, ме ’нарæхсты тыххæй, фæлæ уал, Ахлæу, нæ
хъуыддаг кæронмæ акæиæм...
— Цы кæройнаг ма дзы ис, мæ хистæр?.. Æз загътон мæ фæн-
дпаг: хъуццытæ уæ чысыл сабитæн лæвар кæнын æз, Ахлæу Тасо-
лы фырт. Мæ фæллойыл мæ бар цæуы æмæ мын мæ цæстмæ мацы
бадар. Лæппутæн сæ рæдыд — хатыр, се ’фхæрд — иу къуыри мын
хос хъуамæ ныккæрдой. Сыл родтæ мын фидæн уалдзæг раттут
мыггагæн. Исты рæдийын, уæд мын æй зæгь...
— Æгæр нæ буц кæныс æмæ ууыл дзурын, Ахлæу... Стыр буз-
ныг дæ уæздандзинад æмæ дæ рæдауæй!.. Родтæ иууылдæр уал-
дзæджы мæхæдæг æрбаскъæрдзынæн кæстæртимæ, сылæй-нæ-
лæй... Махæи та нинæ уалдзæг дæ хъуццытæ ныййардзысты, æр-
мæст нын уыцы мыггагæй иу куыр дæ цæст бауарзæд. Лæппутæ
æдæппæт дæс уыдысты æмæ уыдон цы ныккæрддзысты, фæлæ
дын æз æрбакæндзынæн фондз ахæмы, мæхæдæг дæр семæ. Хæрд
дæуæй, æндæр нæ ницы хъæуы... Æрмæст æз æмæ ды хъуамæ
иумæ кæрдæм, иу — хицау, иннæ — хистæр.
— Разы дæн, Сырдон, æрмæст хицау æмæ хистæр нæ, хистæр
æмæ кæстæр æфсымæр! — сцин кодта Ахлæу æмæ йæм йæ къух
балæвæрдта.
— Дæ къух дын сыгъдæг зæрдæйæ исын, Ахлæу, æмæ йæ фи-
дыдыл нымайын. Мæиæ иннæ хистæртæн дæр сæ къухтæ райс
æмæ нæ фидыд ууыл ахицæн.
Уазджытæ æмæ фысым кæрæдзи къухтæ куы райстой, уæд ма
Сырдон йæ ныхасмæ бафтыдта:
— Ахлæу, æфсымæрдзинады кой скодтай æмæ дæ дзырд мæ
зæрдыл лæудзæн, дæуæй дæр ма ферох уæд: кæрæдзи бафæлва-
рæм æмæ мыл кæд дæ зæрдæ ницæмæй фæхуда иу афæдзы дæр-
гъы, уæд æз цæттæ дæн демæ æфсымæрæй рацæрынмæ. Мæиæ
уал дæ хосгæрдæны бафæлварон!..
— Зонын æй, Сырдон! — худы Ахлæу. — Ардæм цалынмæ не
’рбацыдтæн, уæдмæ Хæмæтæй дæ лæдзæг райстон, зæгъын, йæ
нывтæм ын æркæсон, æмæ йæ уæзæй мæ цоиг зæхмæ æрнвæзти!..
Уый та дын зæронд лæг! — загътон мæ мнднымæр...
— Хин лæг дæ, Ахлæу, мæ лæдзæджы сусæг дæр та мын ба-
зыдтай. Уый сæрмæ дын æз дæ фыды фæидырты сусæг хъуамæ
Ш
базоион... Равдис мын сæ, кæд мах фæндыртæй хуыздæр уой,
уæд дзы æз дæр сараздзынæн... Мæ лæдзæджы хуызæн дæ кæд
хъæуы, уæд æнцон аразæи у, æндоиы тула у, æндæр ницы.
— Дæ лæдзæг мæ нæ хъæуы, уый æз нæ фæхæсдзынæн, фæлæ
фæидыртæ ныртæккæ уыдзысты, уадындзтæ дæр... Хæмæты дæр
æрбакæндзынæн æмæ иæ бахъæлдзæг кæнут!.. — загъта Ахлæу
æмæ иннæ уатмæ ацыд.
Госæма уæдæй нырмæ мадзурайæ бадт æмæ хъуыста фидауы-
ны хабæрттæм. Нывыл цыд хъуыддаг æмæ цин кодта, стæй дзы,
йæ дзырды сæр кæй нæ бахъуыди, ууыл дæр. Йæ лæг уæздан кæй
уыд, стæй фосылмард кæй нæ уыд, уый зыдта, фæлæ æцæгæлон
адæммæ ахæм цæстæй ракæса, уый ныфс æй нæ уыд. Ныр йæ
лæджы уæздан æмæ рæдауыл, диссаджы фидыдыл цин кодта, фæлæ
йæ æргом не ’вдыста. Лæг æддæмæ куы рацыд, уæд Сырдонмæ
дзуры:
— Сырдон, раст зæгъ, дæ зæрдæмæ фæцыд уæ фидыды ха-
бар?..
— Раст дын куы зæгъон, Госæмахо, уæд æз уый æнхъæл нæ
уыдтæн. Уастырджи мæ нырæй фæндарастдæр никуы фæкодта.
Нæ адæмæн хорз сыхæгтæ, фидыд æмæ æууæнчы сыхæгтæ, мæ-
хицæн — æфсымæр лæг, Хæмæтæн — мад!.. Уытæппæт хæрзиу-
джытæ иу фæндагыл ссарын, уый амонд æмæ цины хъуыддаг у,
Госæмахо!.. Куыд æй зæгъон, уый ме ’взаг нæ арæхсы, кæд мæнæ
фæндыры хъистæ сдзурой мæ фæндиаг...
Райста Сырдон фæндыр, æркæстытæ йæм кодта, йæ хъистыл
йæ арм æруагьта, йæ хæрæгмæ йын лыстæг æркаст, йæ къæбæл-
тæм ын чысыл фæцагайдта, æрдын йæ хистæр æигуылдзы ныхыл
дауæгау акодта, стæй йæ фæстæмæ Ахлæумæ радта: ды уал ыл
ацæгьд, зæгьгæ. Ахлæу æрбадт, фæндыры къус йæ уæрджытыл
æрфидар кодта æмæ цыдæр цагъд акодта. Сырдон æй, кæцæй зыд-
таид, фæлæ цыбыр æмæ хуымæтæг зарæг уыди, зæрдæмæдзæугæ.
Сырдонæн цыма йæ хъустыл ныдзæвгæ акодта, уыйау æй йæ мид-
нымæр зарын райдыдта. Ноджы ма иу цагъд, стæй Ахлæу фæн-
дыр бадардта Сырдонмæ.
Райста Сырдои фæндыр æмæ фыццаг ацагъта рагон нæртон
зарæг, Уырызмæг йæ цины фынгтыл кæй уарзта, уыцы зарæг.
Абон Сырдои уæлахиздзауыл нымадта йæхи æмæ йæ зæрдæ уыцы
зарæг æрцагуырдта. Стæй сындæггай рафæзмыдта Ахлæуы фыц-
цаг зарæг. Ахлæу фæдис кодта:
— Уый та кæм базыдтай, Сырдои, мах зарæг куы у æмæ нæ
зæххыл фыццаг хатт куы рæвæрдтай дæ къах?..
— Мæ уарзон фысым, æз хъусджын хæргрг дæн æмæ цы фехъу-
624
сын, уый мæ зæрдæмæ куы фæцæуы, уæд мæ никуыуал ферох
вæййы... Гъе фæлæ мæ фæнды ныр æхсин Госмайæн иу зарæг
ацæгъдын... Æрхæндæг зæрдæйы зарæг у, фæлæ йæ Госæма хъуа-
мæ зона... Уый дыууæ сидзæр лæппуйы æрымысыдысты, сæ гыц-
циты номыл. Уыцы лæппутæй иу нæ хæдзары ис, иннæ та дæ
лæппу у Госæ — мæ хо... Куыд мысыд Хæмæт ацал-ауал азы, уый
дын æрмæст зарæг зæгъдзæн фæндыры хъæлæсæй... Хæмæт, ар-
дæм ма æруай, хъæуыс мæ... Дæ разы ма уадындз райс æмæ Си-
дахъимæ цы зарæг скодтат уæ гыццитыл, уый иумæ ацæгъдæм.
Сырдон хъисфæндырыл ацагьта зарæджы фæлтæр, Хæмæты зæр-
дыл цæмæй æрлæууа, стæй райдыдтой цæгъдын дыууæ иумæ æмæ
уазæгæй-фысымæй хъусыныл фесты. Зарæджы хъæлæс йе ’рхæн-
дæгæй зæрдæ ’лвæста, адæймагæн мысын кодга йæ царды зынтæ, йæ
зæрдæйы ристæ, йæ уды бæллын. Госæма хъуыста æвæлмасæй, стæй
йæ зæрдæ куы суынгæг, уæд йæ рæсугъд цæсгом йæ армытьæпæн-
тæй бамбæрзта æмæ йæ рæмбынкъæдзтæ йæ уæрджытæм æруагьта.
Зарæджы хъæлæс фыццаг хатт хъуыстой Фæрныг æмæ Сугъар дæр
æмæ уыдон дæр нынкъард сты: сæ цæсты раз сыстадысты сæ дард
фæндаджы фыдæбæтгæ, хæстыты тугкалд, Ардагъуйы мæлæт, Ами-
нæты цæф æмæ йæ иунæг ингæн хъæугæрон, быдыры... Ныр йæ
алыварс талатæ, сыгьды нарты обау, фæлæ фыццаг иунæг сыджыты
губакк уыд, æмæ тæригъæддагæй лæууыди æгæрон æгомыг быды-
ры... Сырдон йæ цæсты тигъæй уыдта Хæмæты, хъуыста йын йæ
цагъд æмæ йæм афтæ каст, цыма ныры хуызæн никуы цагъта, æвæц-
цæгæн, ахæм удуæлвонг йæ мады уарзондзинадæй, стæй йе стыр
хъыг йæ зæрдæйæ кæй хицæн кæны, хæрзбон ын кæй зæгъы, уымæй
цæудзæн... Сидахъæн, мæгуыр, уый фадат никуы уыдзæн, дæлдзæ-
хæй ничи здæхы, не ’ппæты дæр уырдæм хъæуы.
Зарæг куы фæци, уæд Госæма фестад, йæ цæссыгтæ йе ’нгуыл-
дзалгъæй асæрфта æмæ загъта:
— Фаг у, мæ хуртæ, науæд, иу фыййау йе ’ххормаг фысты иу
мысты хыбар-хыбурмæ куыд хъусын кодта, се стонг сæ айрох уа,
зæгъгæ, уый ми æрцæудзæн махыл дæр æмæ худинаг у, нæ лæг, —
уый йæ моймæ дзырдта уайдзæфы хуызы.
Госæма ацыд фынг æвæрыны охыл. Хæмæт фæндыртæ ахаста,
Ахлæу та Сырдоны цагъдæй æппæлынмæ фæци:
— Ныр мын æцæг æфсымæр уыдзынæ, Сырдон, куы нæ дæ
фæнда, уæддæр!..
Уæдмæ фынгтæ хæссын райдыдтой æмæ сæ зæрдæйы дзæбæ-
хæн минасыл æрбадтысты фысымтæ дæр æмæ уазджытæ дæр. Сс
’хсæн цы хæрамы къуыбар мигъ æрхауынмæ хъавыд, уый атад,
40 Сырдопы цæссыгтæ
625
баззад ма дзы æрмæст кæрæдзи хæларæн агурыны фæндиаг, æмæ
сæ зæрдæтæ рухс уыдысты, сæ дзырд — нывыл, зæрдиагæй, ар-
фæмæ здæхт...
Дыккаг бон сæ нæ уагътой фысымтæ, фæлæ Сырдон не сразы:
адæм æнхъæлмæ кæсынц, къуырийы бонмæ куы нæ фæзынæм,
уæд зæгъдзысты: цыдæр ныл æрцыд æмæ фæдис рацæудзысты...
Фæлтау фæцæуæм афоныл æмæ фæхæссæм нæ адæммæ ацы цины
хабар, барухс сын кæнæм сæ зæрдæ, ныдздзурæм сын сæ хъуыды-
мæ царды ног ныфс æмæ тавс... Госæма, æцæг, ныллæгъстæ код-
та: мæ хъæбулы мын хосгæрдæны онг мемæ фæуадзут, стæй уæ
лæппутæ ардæм куы ’рцæуой, уæд иумæ аздæхдзысты... Сразы
сты хистæртæ: уыдтой, лæппуйæн йæхи дæр афтæ фæнды æмæ
йæ ныууагътой. Иннæ уазджыты арæны онг рахизын кодтой фы-
сымтæ, стæй кæрæдзийæн фæарфæтæ кодтой æмæ ахицæн сты.
Хъæлдзæгæй цыдысты сæ хъæумæ Сырдонитæ. Хорз уац хас-
той сæ адæммæ. Ноджы уалдзæг дæр йæ хуыз скалдта, быдыр
райхъал æмæ алы хъæлæсæй дзурын систа, чи зоны, йæ зымæджы
æгомыг басæттыны охыл. Ныр цыма алы хиталæджы бын дæр
чидæр цард аразыныл багуыбыр, уыйау алы ранæй дæр хъуыст
æхситт, зард, гуыв-гуыв. Ратæх-батæх кодтой цыдæр чысыл мæргъ-
тæ, Сырдон сæ нæмттæ дæр кæмæн нæ зыдта. Рауай-бауай кодтой
цыдæр æнахуыр цæрæгойтæ кæрдæджы гуылфæны. Сæ сæрмæ та
бæрзонд зылдысты иугай цæргæстæ æмæ-иу стæм хатт фæхъыл-
лист кодтой паддзахы хъæлæсæй...
Цыд Урскъах бæхты разæй æмæ, æвæццæгæн, йæ барæджы
зæрдæхатт æмбæрста — уымæн дæр йæ зæрдæ цины ныгъуылд, не
’нцади йæ гакъон-макъон кафгæ цыдæй. Сырдон æй йæхи бар ауагь-
та, фæндаг зоны æмæ хæдзармæ йæхæдæг тындздзæн, йæхæдæг
та йæ цæст дардта быдыры æвæджиауы цардмæ ацы фæсуалдзæг
хъарм бон... «Раст зæгъгæйæ, адæймаджы нывыл цæрынæн æр-
мæст хæрз чысыл цыдæртæ хъæуы... Бакус, бафæллай, дæ къæ-
бæр адæн бахæр æмæ сæрибарæй ныххуысс дæ къæсы... Дæ саби-
ты рæвдау æмæ дар... Дæ фарсмæ чи ис, уыдон цин æмæ райæ дæ
уд хæсс... Мæнæ дуне уæлгоммæ, алкæй фаг дæр у, мæлдзыгæн,
кæрдæджы халæн, дзылы æмæ арсæн, лæг æмæ бæласæн — алкæ-
мæн дæр ис а дунейыл цæрыны фадат... Уæлæ цæргæсæн та æр-
вон тыгъдад — йæ дардыл хæтæнтæ... Цæр, кус, араз... Нæ дæ
хъæуы тыхмийы, давыны æмæ искæй хъыг исыны сæр... Дуне
дын схæлар кодта дæ рафæлдисæг æмæ æргуыбыр кæн зæхмæ, дæ
царды фадат араз дæ цонджы тыхæй, дæ уды хæрзвæндиагæй, дæ
хъуыдыйы фидауцæй... Фæлæ нæм уыцы хуымæтæджы зонд нæ
хъары... Алчи йæхицæн цыдæр бæрзонддæр бынат агуры... Чи ку-
626
вын домы йæхицæн, чи — кусын, цыма йæхицæн йæ астæу хуыскъ
у, йæ цонг — цæнкуыл!.. Искæмæн амоны: куыстæн йæ сæр —
сындз, йæ бын — сой!.. Фæлæ уыцы сындз искæй армæй тонын
кæны!.. Тæхуды, уыцы дæлæсин зондæй куы схицæн уаид лæг
æмæ мæнæ ацы æвæджиауы зæххыл, мæнæ ацы бæрзонд-бæрзонд
арвы бын цæрын куы базонид, куы сахуыр уаид!.. Уæд цæрынæй
æхцондæр цы уаид а зæххыл!.. Бæргæ!.. Бæргæ!..» — ныуулæ-
фыд Сырдон æмæ идоны рохтæ æрбайста йæхимæ, цыма царды
мæт æмæ катай æрмæст иу уысммæ айрох сты æмæ та ногæй ныз-
зæй кодтой, хохæй лæбырæгау, йæ зæрдæйыл... Урскъах фестъæл-
фыд, фæхатыл йæ хицауы ног зæрдæхатт æмæ йæм афтæ фæкаст:
уый фæнды ацы быдыры, дымгæйау, ныффуттытæ кæнын æмæ
атæхын нæхимæ, хъæдрæбын нæртон хъæумæ...
Урскъах йæхи фехста размæ æмæ атахт, сæрибар байрагау.
Сырдон дæр фæгуыбыр кодта размæ æмæ бæхы йæхи бар ауагъта.
Сугъар уый куы федта, уæд фесхуыста йæ бæхы, «Е-о-о!» ныцца-
раудта йæ хъæрæй быдыр æмæ бæхтæ æмæ барджытæ ныййарц
сты Сырдоны фæдыл.
Æртыккаг бон фæсаходæн Сырдонитæ бахæццæ сты сæхимæ.
Бадзырдтой: нырма хæдзæрттæм ацæуæм, нæхи æрбæстон кæнæм,
стæй фæссихор адæмы бамбырд кæндзыстæм Ныхасы фæзы æмæ
сын ракæндзыстæм нæ фæндарасты хабæрттæ. Уыцы дзырдæй
фæпырх сты хъæуыл æмæ алчи йæ хæдзармæ фæцæуæг. Сырдон
æмæ Фæрныг сыхæгтæ уыдысты æмæ иумæ схæццæ сты хъæуы
уæллаг кæронмæ, стæй уыдон дæр фæхицæн сты. Сырдонмæ фæс-
кæрт æнхъæлмæ кастысты Сидахъ æмæ Фатакуй. Куы сæ ауыдта,
уæд Сырдон бæхæй æрхызт æмæ сæм фистæгæй уайыныл фæци.
Уыдон — йæ размæ, куыдзы æхцоны хъыллист, лæппуйы хъæртæ,
Сырдоны худгæ цæсгом æмæ пырх къухтæ, хъæбыстæ, цинтæ...
Стæй уæд бæхыл узæлын — Сидахъ æмæ Фатакуй Урскъахыл
ноджы тынгдæр цин кодтой, уыдон алы бон изæрмæ иумæ хъазы-
дысты æмæ кæрæдзи тынгдæр мысыдысты. Фари та кæм и, уый
куыннæ рацæуы нæ размæ?.. — ахъуыды кодта Сырдон æмæ дзы
бæхæй саргъ сисын дæр ферох, хæдзармæ фæцæуæг. Дуар бакод-
та æмæ уыны — бады иунæгæй Фари æмæ йæ цæстытæ доны зилы...
— Исты ’рцыд Фари? — нал фæлæууыд Сырдон.
— Æрцыд, Баба!.. — схæкъуырцц кодта Фари æмæ йæ фыды
хъæбысмæ йæхи баппæрста, цыма уым уыди цыдæр фыдбылызæй
ирвæзæн хос.
— Кæугæ ма кæн, бабайы чызг... Зæгъ мын æй: цы ’рцыди?..
Ахæм цы уыдзæн, æмæ йын мацы хос уа?.. — чызджы дзыккутæ
лæгъзытæ кæны Сырдон æмæ нымайы: цы хъуамæ уа?..
627
— Цы. цы, Цорæ хъæдмæ ацыд æмæ нал ’рыздæхти... Ныр
æртæ боны... Йæ мад дæумæ æрбацыди кæугæ: исты, дам, сара-
зын хъæуы, науæд, дам, лæппу фесæфдзæн...
— Лæппу хъæдмæ ацыд, уым диссагæй ницы ис, мæ чызг. Цуа-
ны лæг ацæуы æмæ къуыри дæр баззайы æддæ...
— Цуаны нæ ацыд... — скуыдта та Фари. — Мæ бон, дам, цæ-
рын нал у æмæ, дам, мæ сæр хъуамæ искуыдæм фесафон... —
æргом ныббогъ кодта Фари æмæ Сырдон бамбæрста, цыдæр ма
йын нæ дзуры, стæй хъуыддаг хæрзтæй нæу, æвæццæгæн, — исты
аразын хъæуы, стæй ныртæккæ!..
— Хорз, мæ чызг, кæуын нæ хъæуы, кæуинаг — не знаджы сæр
фæуæд!.. Æз ныртæккæ цæуын йæ мадмæ... Бафæрсон æй, стæй
исты амæлттæ кæндзыстæм... Ма тæрс, ссардзынæн æй, никуы-
дæм алидздзæн, ницы йын уыдзæн...
Сырдон бæхы суагъта хизынмæ, саргъ æмæ идон кауыл авæрд-
та, — Сидахъ сæ бафснайдзæн! — æмæ йæхæдæг ауад Цорæйы
мадмæ. Лыстæггай йæ фæфарста, фæлæ дзы ногæй бирæ ницы
базыдта: лæппу тыхсти иунæгæй, рафт-бафт-иу кодта бон-изæрмæ
хæдзары къуымты, изæрæй та зылди быдыры, талынджы... Æртæ
боны размæ та иу фæсахсæвæр ацыд йæхи ирхæфсынмæ æмæ нал
æрбаздæхт... Ныр ыл æртæ боны рацыд, фæлæ нæ зыны хæдзар-
мæ... Ницы ахаста йæ гæрзтæй йемæ, бæх дæр хæдзары и... Йе
’мбæлттæй кæйдæрты афарста, фæлæ йæ ничи федта... Мад ныр-
ма никæмæн ницы загъта — Сырдонмæ уыд йæ каст...
Рацыд Сырдон. Усæн ныфсытæ авæрдта æмæ йын загъта: ба-
цагурдзынæн æй, ам искуы уыдзæн, фистæгæй дард нæ ацыда-
ид... Йæхæдæг фæндагыл бацыд Фæрныгмæ æмæ йын загъта:
цыдæр ахсджиаг хъуыддаджы тыххæй хъæдмæ цæуын æмæ хис-
тæртæн зæгъ, абон не ’мбырдæй ницы рауайдзæн, аргъæвæм æй...
Уыйадыл Сырдон Фатакуимæ, æд лæдзæг ацыд хъæдмæ. Суанг
æхсæвæрафонтæм фæцагуырдта, фæлæ ницы ссардта, мæсты æмæ
æрхæндæгæй æрыздæхт хæдзармæ. Мæсты кодта йæхимæ — æгæр
карз бафхæрдта лæппуйы, йæхицæн исты куы кæна, лæппуйы
æдылы зондмæ цы иæ фæнд æрцæуы! — уæд ма стæй йæ иунæг
мадмæ цы цæсгом равдисдзынæн?! Æрхæндæг уыд йæ зæрдæ:
кæрæдзи уарзыныл ардауын адæмы, фæлæ мæхи зæрдæйы алкæй
фаг уарзондзинад нæй!..
Дыккаг бон дæр та ницы ссардта Сырдон. Искæмæ бадзурын
дæр æй нæ бафæндыд: аххосджын æз дæн æмæ йæ мæхæдæг хъуа-
мæ ссарон!.. Фатакуимæ цынæ ссарæм, уый иннæты къухы дæр
нæ бафтдзæн... Ацыд та æртыккаг бон дæр, фæлæ ницы фæнда-
раст фæци... Фæсахсæвæр та æрцыд, æмæ артдзæсты раз сбад-
628
ти... Фари æхсæвæр аразыны тыххæй æртдзых бакодта æмæ ныр-
ма цæхæры зынджытæ æртхутæгæмбæрзтæй дæр цыдæр æхцон
тавс хастой армытьæпæнтæм уалдзыгон уазал æхсæв... Сырдон
иæ къухтæ тавта, зынджытæ цадæггай сæхи æртхутæджы кæрцæй
куыд æмбæрзынц, уымæ касти æмæ хъуыды кодта: цы фæуыда-
ид?.. Ахлæуы фыййæуттæм фæцыдаид хатыр курынмæ æмæ сын
се ’взаг нæ зоны... Йæхимæ йæ арм райстаид æмæ йæ уæд ссард-
таин. Сынтытæ, халæттæ зиликкой йæ сæрмæ... Ахæмæй никуы
иицы ис, федтаин æй, Фатакуй дæр æй базыдтаид... Уæдæ ма
цы?.. Куыд фæразы стонгæй?.. Стæй йæ мады кæугæ-ниугæ ныу-
уадза, ахæм дæр нæу...
Ницы сæрфат ардта йæ хъуыды æмæ тыхсти Сырдон, фæлæ
ницы дзырдта. Фари къуымы бадти, цыдæр æлвыста æмæ уый
дæр ницы дзырдта. Сидахъ бон-изæрмæ радугъ-бадугъ кодта Урс-
къахимæ, ныффæллад æмæ ныр бафынæй. Фатакуй дæр фæлла-
дæй хуыссыд дуаргæрон æмæ каст Сырдонмæ: чи зоны та искуы-
дæм цæуын бахъæуа, уæд хъуамæ цæттæ уон...
Чидæр дуар æрбахоста æмæ Фатакуй фестъæлфыд, фестад,
Сырдон та йе ’ргом фæзылдта дуармæ æмæ радзырдта:
— Мидæмæ рацу, кæцы дæ!..
Дуар байгом æмæ æрбахызт æнæдаст, пыхцылсæр, бызгъуыр-
тæ лæг. Æрбахызт иу хъилы ’нцæйтты, йæ рахиз къах уæлæмæ
къæдз, æмæ лæууы дуаргæрон, иу къахыл, хъилы ’нцой, ницы
дзуры... Сырдон фæджихау, фæлæ Фари фестад æмæ фæхъæр
кодта: «Цорæ!» Сырдоны зæрдæ æрæнцад: разынд нæ фесæфт!..
— Уый та циу, лæппу? — тызмæгæй фæрсы Сырдон.
Лæппу ницы сдзырдта æмæ Сырдон фæхатыд: Цорæ йын йæ
ныхас уайдзæфмæ айста, уымæн ницы дзуры, ома мæ сургæ кæ-
ныс æви?..
— Дæ къах цы кодта дæ фæрсын, лæппу?..
— Мæ къах?.. Цыдæр кодта, ныррæсыд æмæ йыл нал лæууын, —
бакодта Цорæ.
Сырдон фестад æмæ Цорæмæ бацыд, бакасти йæм лæмбынæг,
стæй йæ цæст æрхаста къахыл: фадхъулæй дæлæмæ фадгом ныр-
рæсыд... Кæнæ йыл лæсæг фæхæцыд, кæнæ та дзы хъæстæ сындз
фæныхст, — ахъуыды кодта Сырдон. — Хæф уыдзæн... Фæкъæртт
æй хъæудзæн... Æндæр цы хъуамæ уа?..
— Мæнæ арты фарсмæ æрбад, стæй исты фæнд кæндзыстæм. —
сабыргай загъта Сырдон, лæппуйы цонгмæ бавнæлдта æмæ йæ
бакодта арты цурмæ, йæхæдæг фездæхт Фаримæ. — Чызг, фуртт-
фуртт ма кæи, фæлæ Борианмæ бацу æмæ йын зæгъ: лæппу ам ис,
мæн ныхасæн хъæуы æмæ йæм йæ зæрдæ ма ’хсайæд. — Сырдон
629
зыдта, ныр Фари фырцинæй кæуы æмæ йæм тызмæг уымæн дзырд-
та. — Фаг у, цæуыл ма æрдиаг кæныс, æви мах дæр ныббогътæ
кæнæм дæ кæуынмæ?!
Фари ацыд æмæ Сырдон аджы дон сæвæрдта уæларт. Ног суг-
тæ бавæрдта артыл æмæ нæзы къуыдырæй цырæгътæ тонынмæ
фæци. Уый куы базыдта, лæппу чысыл æртæвст, йе ’муд æрцыд,
уæд æй сабыр хъæлæсæй фæрсын райдыдта:
— Радзур-ма, кæм уыдтæ, цы ми кодтай?.. Гормон, дæ мадæн
та цæуылнæ исты загътай?.. Уымæн æнцон у дæумæ дзыназын
тархъæдмæ æнæхъæн къуыри?..
— Ницы кодтон. Иунæгæй сфæлмæцыдтæн æмæ мæхи аирхæфс-
тон... Æхсæв хъæды баззадтæн... Зæронд хъæзы хæтæлтæ æмæ
къалиутæй мæхицæн хуыссæн æрцарæзтон æмæ афынæй дæн, фæлæ
райсоммæ мæ къах ныррæсыд, дзабыры нал цыд æмæ дзабыр ап-
пæрстон... Хъуыды кодтон: хъæды уал фæлæууон, кæд адзæбæх
уаид къах æмæуæд нæхимæ ацæудзынæн... Фæлæ ноджы фыддæр
кодта æмæ загътон: фæцæуон Сырдонмæ, уый мын кæд исты схос
кæнид, хъодыйы тыххæй мæ кæд нæ расурид... Иниæтæм мын ба-
цæуæн нæ уыд, фæлæ дæумæ мæ ных æрбатардтон уæддæр...
— Сæрхъæн, æдылы, гоби! — нал баурæдта йæ маст Сырдон. —
Хъоды! Хæррæджы дымæг!.. Кæд федтай рынчыныл хъоды?! Йæ
къах ныррæсыд æмæ ай та хъæды бонасадæн кæны!.. Хосгæнæг-
мæ йæ цæфыл бацæуыны бæсты тæргæйттæ кæны!.. Æдылы!..
Сабийы зонд!.. — Фæндыд ма ноджыдæр исты уайдзæфтæ ныма-
йын Сырдоны, фæлæ лæппуйы сæргуыбыр æмæ уæнтæхъилæй куы
ауыдта, уæд йæ цæст нал бауарзта. — Ныр дæ къах куы фæаип-
джын уа, уæд цы дæ зæрды и? Æви дæм иу къахыл счепп-счепп
кæнын хорз кæсы?..
Уæдмæ Фари фездæхти æмæ йын Сырдон цалдæр цырагьы
ссудзын кодта, лæппуйы къах ныхсадта арæхстгай, лыстæг æм
фæкаст æмæ йæ бауырныдта —хъæстæ сындзы аххос у, мæнæ йæ
сæр гæзæмæ зыны, зæвæтæй къахы фындзы ’рдæм цы фæлмæн
ис, уый схæф æмæ йæ фæкъæртт хъæуы, æмæ йын фенцондæр уа.
Сом æй боны рухсмæ дзæбæх ныллæмардзынæн æмæ уæд хъуа-
мæ дзæбæх кæнынмæ фæуа...
Сырдон йæ фарсылдарæн кард дзæбæх сдаудта хæраг дурыл,
стæй йæ цæхæры фæтъыста æмæ сырхзынг куы сси, уæд æй райс-
та, кæмдæр ма сæм сыкъайы дзаг арахъ разынд æмæ йæ уым адард-
та. Куы ’руазал кард, уæд дзы къахы царм рацамадта æмæ йæ
стæй уæлфады цармыл дæргъырдæм æруагъта. Туг æмæ хæф фе-
мæхстысты...
— Фидар лæуу, Цорæ-бæгъатыр! — ныфсæвæрæн кæны Сырдон
630
æмæ рæсыд фелхъывта. Хæф ракалд бæзджын лæсæнæй æмæ Цорæ
фестъæлфыд, фæлæ хъæр нæ фæкодта... Сырдон æрæхсадта хъæд-
гом, хус дугъы сыф ыл сæвæрдта æмæ йæ фидар бабаста.
— Цыдæр зæды къухтæ дын ис Сырдон... Цыма мын нал рис-
сы, афтæ фæдæн, — цинæйдзаг хъæлæсæй сдзырдта Цорæ. Ныр
йæ раздæры хъæлæс уыд æмæ Сырдон йæ миднымæр бацин код-
та: ницы йын уыдзæн!..
— Кæд ма дæ искуы ахæм æдылыйæ фенон, уæд дын мæ «зæды
къух» дæ къах быныл нычъепп кæндзæн æмæ стæй чъыллиппытæ
кæн!..
— Ахæм ми мыл нал æрцæудзæн, Сырдон, — сæрибарæй сулæ-
фыд Цорæ. Бауырныдта йæ, йæ къах аипджын нæ уыдзæн, Сыр-
дон æм мæсты нал у, æмæ йын уæд иу афæдз иу бонау у...
— Фари, мæ чызг, ды Бориантæм бацу æмæ уым схуысс, æз
æмæ Цорæ-бæгъатыр та ам баулæфæм, нырма нæ бирæ дзырддаг
ис... Борианæн къахы кой ма скæн, науæд йæ зæрдæ ’хсайдзæн, —
бацамыдта Сырдон Фарийæн æмæ арт ноджы басхъаудта. — Ма
нын тæрс, мах дæр не стонг истæмæй фæсайдзыстæм. Цорæ ныр
афтæ æххормаг уыдзæн æмæ фаты бырынкъ дæр аууилдзæн цых-
ты ’фсон...
— Фаты бырынкъæн нæ зонын, фæлæ дзул æмæ цыхты карст
æцæг!.. — сразы Цорæ æмæ артмæ æввахсдæр бабадт.
Иунæгæй куы баззадысты, уæд Цорæйы фæндыд Сырдоны
балцы хабæрттæ базонын, фæлæ бафæрсын нæ уæндыд, стæй тарст
— Сырдон та йæ тызмæг ныхасмæ куы рахиза. Сырдоны та фæн-
дыд базонын: цы уæлдай йæхи смæтгæнæг кодта Цорæйыл йæ
чызг Фари?.. Комкоммæ бафæрсын æм зын фæкаст, фæлæ йæ
уæддæр ракъахта æмæ лæппу басасти: «Кæрæдзийæн цыдæр ад-
джын фестæм æмæ уый аххос нæу... Нæ фæнд конд у, фæлæ дæм
бадзурын нæ уæндæм... Иугæр мæ ракъахтай, уæд ма йæ цы ’мбæх-
сон: фæнды мæ, кæд ды, Алафарн æмæ йæ мад сразы уат, уæд —
Уастырджийы къуыри Фарийы гыццийы цурмæ бакæнын... Иунæ-
гæй мæ мад тæригъæд у...»
— Хорз лæг, æмæ Сидахъ æмæ æз та? Æви дæм мах нымады
дæр ничердыгæй стæм? — йæ мидбылты худы цырагъы дыдзы
рухсмæ Сырдон.
— Уæд æз дæр фылдæр ам уыдзынæн, иу уонг фæфылдæр
уыдзыстут æмæ нын цы уа, уый — иумæйаг, — радта дзуапп усгур.
— Уый раст зæгъыс: дыууæ лæппуйы мын уыдзæнис, — сразы
Сырдон, — фæлæ ам сæйраджы фæрсинаг йæ мад æмæ йæ фыд
сты.?. Хуыцаубоны сæм изæрæй Фæрныг æмæ Сугъары барвит
хатæг... Мæнмæ дæр фæдзурдзысты, æмæ ма мын цы гæнæн ис,
631
дæ фарсхæцæг уыдзынæн... Æрмæст уæдмæ дæ къахыл куыд слæу-
уай, афтæ!.. Ныр та — фынæй, мæнæ кæсыс Сидахъмæ — бæгъа-
тыры фынæй кæны!..
Райсом ма Сырдон Цорæйæн йæ хъæдгом ногæй ныллæмæрс-
та, ныхсадта æмæ бабаста. Рæсыд фæкъаддæр, рисгæ дæр раздæ-
рау нал кодта æмæ Сырдоны бауырныдта: дзæбæхмæ фæци!.. Загъ-
та Цорæйæн: бад хæдзары, улæф, изæры та дын ногæй æркæсдзы-
нæн дæ хъæдгоммæ... Сырдон кæдæмдæр атагъд кодта æмæ йæ
фæдыл Цорæ дæр сæхимæ ацыд.
Сихорафон уыди нæртон дзыллæйы Ныхас. Уым уыдысты
хистæртæ æмæ тæрхоны лæгтæ дæр. Алафарн расидт адæмæн:
— Фидауынмæ кæй арвыстам нæ дард сыхæгтæм, уыдон æрцыдыс-
ты, рæствæндаг фесты, фарны уац æрхастой æмæ сæм байхъусæм!..
Адæм ныссабыр сты æмæ зæрдиагæй хъусынмæ сæхи æрцæт-
тæ кодтой.
— Нæртон дзыллæ! — зæрдæхцонæй райдыдта абон йæ ныхас
Сырдон. — Ардыгæй дыууæ бонцауы æддæдæр цæрынц сыхаг адæм.
Нæ кæстæртæ сæ бафхæрдтой æмæ сæм мах фидауæг, хатыр ку-
рæг арвыстат, уый зонут. Се ’взаг сын дыууæ бонмæ кæм базыдта-
иккам, фæлæ дзы фæци, чынты ’взаг чи зыдта, ахæм лæгтæ, гъе
æмæ Фæрныджы фæрцы баныхас кодтам семæ... Уый фæстæ афтæ
рауад æмæ сæм разынд, мах æвзаг чи зыдта, ахæм сылгоймаг дæр
æмæ уæд бæстон æрдзырдтам нæ хъуыддагыл. Иу дзырдæй, ит-
тæг хорз адæм разындысты, зонды лæг разынд сæ хицау æмæ
нывыл бафидыдтам... Мах сын загьтам уæ фæдзæхст: хатыр уæ
курæм, уе ’фхæрды тыххæй, уæ фос уын фæстæмæ æрбаскъæр-
дзыстæм, кæд зæгъат, уæд... Нæ кæстæртæй чи фæрæдыд, уыдоны
бафхæрдтам, æрмæст нæ фæнды: абонæй фæстæмæ не ’хсæн хæ-
рам æмæ фыдæх куы нæ уаид, æууæнк æмæ кæрæдзийæн æххуы-
сыл куы ныллæууиккам... Сæ зæрдæмæ фæцыд нæ фæндиаг, фæлæ
сæ хицау загъта: мах фæндон у ахæм — иугæр хатыр ракуырдтат,
хъуццыты та уæ тыхсты фæдыл аскъæрдтат, уæд уын сæ мæхæ-
дæг хæлар кæнын — зæгъ адæмæн, хъуг цы сабитæн нæй, уыдо-
нæн Ахлæу, — йæ ном афтæ хуыйны — Ахлæу Тасолы фырт —
хæлар кæны уыцы хъуццыты рæгъау!..
— Гъæтт, арфæйаг æрбауа ахæм зонды лæг!.. — схъæр кодтой
чидæртæ, фæлæ Сырдон йæ ныхас кодта дарддæр.
— Гъе æмæ уыцы арфæйаг лæг загъта ноджы: сымахæй мæ
ницы хъæуы, æрмæст хъуццытæ мыггагæн æвзæрст уыдысты æмæ
мын фидæнмæ сæ сыл родтæ раттут, махмæ дæр мыггаг куыд ауа-
дзой... Гъе, стæй ма, дам, хъуццытæ цы лæппутæ аскъæрдтой æвас-
тæй, уыдонæи иу æфхæрд — иу къуыри мæм хос кæрдынмæ фæ-
632
кæсæнт. Загътон ын: бузныг дæ лæвар æмæ дæ уæздандзинадæй,
разы стæм дæ фæндиагыл, æрмæст дæм хос кæрдынмæ мæхæдæг
æрбакæндзынæн дæс æмæ дыууиссæдз лæппуйы æмæ дын дзæбæх
куыд фæахъаз уæм... Родтæ дын иууылдæр ратдзыстæм, æрмæст
нын ацы уалдзæг ратт дыууæ богьы дæ хъуццыты мыггагæй... Ууыл
дæр сразы, фæлæ ма загьта: курæг дæн нæртон дзыллæйæ — ных-
хатыр кæнутуæ лæппутæн сæ рæдыд!.. Кæд мын мæ дзырдæн исты
аргъ кæнут, уæд лæппутæн ныббарут æмæ нæ фидыд нывыл уа,
æфхæрды мачи уа!.. Ницы йын загътон уый фæдыл, нымадтон,
уый нæртон дзыллæйы тæрхоны лæгтæ сæхæдæг равзардзысты...
Æниу æз дæр афтæ хъуыды кæнын мæ миднымæр: иугæр абон
фарны бон у, хорз сыхæгтимæ фидыд æмæ лымæндзинады бон,
уæд хъуамæ не ’хсæн æфхæрд мачи уа! Уæд нæ цин æххæст цин
уыдзæн æмæ не ’ппæт дæр æмхуызон фæрайдзыстæм... Афтæ уыд
нæ фæндаджы хабар. Абонæй фæстæмæ хъуамæ не ’ппæт дæр зо-
нæм: ис нын сыхаг адæм, иунæг не стæм а дунейыл нæ тыхсты дæр
æмæ нæ цины дæр... Гъе æрмæст семæ хъуамæ рацæрæм хæларæй,
æууæнчы аккагæй!.. Уыдон, цы сæм бакастæн, уымæй, хорз адæм
сты, æмæ махæй дæр хъуамæ хъаст мацæмæй кæной!..
Фидауджыты дыккаг хистæр Фæрныг кæм уыд, уым ын Ала-
фарн ныхасы бар радта æмæ Фæрныг фыццаг цыдæр къæмдзæс-
тыгæй райдыдта, фæлæ стæй фæцырд:
— Хорз адæм!.. Йед у... Мæнæ Сырдон хорз фæдзырдта, фæлæ
хабæрттæй цыдæртæ фæуагъта... Æвæццæгæн, ме ’фсæрмæй афтæ
бакодта æмæ сæ мæхæдæг хъуамæ ранымайон... Йед у... Нæ лæп-
пуйы мад, иу хатт чынты абырджытæ кæй аскъæфтой, уый кæд
разынд уыцы адæмы хицауы æхсин... Рауæй йын æй кодтой абыр-
джытæ бирæ фосыл... Нæ лæппу йæ мады базыдта, мад дæр афтæ,
— æмæ не ’ппæт дæр цин кодтам, уæдæ цы... Лæппуйы йæ мад
ныр дæр нæ рауагъта, иу-цалдæр боны, дам, мæ цуры фæуа, зæгъ-
гæ... Гъе ахæм цины хабар дæр ма ныл сæмбæлд нæ балцы æмæ
йæ хъуамæ зонат... Йед у> уым ныр нæ лæппуйæн æфсымæртæ
дæр разынд, æртæ фыры хъулы хуызæн лæппуйы... Иу дзырдæй,
уым нын уыдзæн æфсымæр лæгтæ дæр æмæ семæ цæрын хъуамæ
базонæм, уæдæ куыд?.. Уæддæр мах нарт стæм æмæ нæ фыдæлты
ном уæздан æмæ хæларæй хъуамæ хæссæм адæмтæм... Хæстæгæн
нæ куыд агура алчи дæр, хæлар æмæ æфсымæрæн... Нæ абоны
фæсивæдæн дæр æмæ нæ сомы байзæддагæн дæр хуыздæр уы-
дзæн... Гъе уый ма афтауæн кæнинаг уыдтæн Сырдоны уацмæ...
Сугъар худгæ рацыд адæммæ:
— Мæнæн дзы дзуринаг ницыуал ис, фæлæ мæ фæнды, нæ
фысымы уæздан фæндиаг куы сæххæст кæниккам, нæ лæппутæн
абон куы ныггæдзæ кæниккам сæ рæдыд. Нæ сыхæгтæ хорз адæм
633
сты, кæд нæхæдæг уæздан æмæ æууæнчы адæм разынæм, уæд...
Ныр мæм нæ фидæн мигьвæлмы бын норст нал кæсы, цыма бæл-
лиццаг æмæ аив уыдзæн, афтæ мæм дзуры мæ зæрдæ!.. Гъе фæлæ
кæм стут, лæппутæ, ралæуут-ма, Алафарн уæ фена æмæ уын йæ
тæрхоны ныхас зæгъа!..
Тæрхоны лæгтæ фарастæй сæхимидæг ауынаффæ кодтой, се
’ппæт дæр разы уыдысты лæппуты се ’фхæрдæй ссæрибар кæны-
ныл æмæ Алафарн адæмы размæ рацыд:
— Хорз адæм! Ацы хатт нæ тæрхон цыбыр æмæ æмзонд у: нæ
лæппутæн барст фод сæ рæдыд!..
Адæм сæмбу кодтой фыр цинæй æмæ лæппутыл тыхстытæ райдыд-
той... Фари та Цорæмæ хæрзæггурæггаг лидзынмæ фæци. Цорæ
йæ хъилы алыварс симæгау гæппытæ систа. Уалынмæ йæм хæдзармæ
бакалдысты йе ’мбæлтгæ, давды чи уыд æмæ чи нæ уыд, уыдон дæр
æмæ йæ сæ хъæбысы рахæсс-бахæсс райдыдтой: куывд, куывд, куывд!
— Уыдзæн алцы дæр! — райзæрдæйæ дзуры Цорæ. — Мæнæ
гыцци æрбацæуа æмæ йæм Фари фæкæса, хæбизджынтæ нын ра-
кæной, æндæр уæ цы хъæуы?.. Мæнæн мæ къах риссы... Нозтæн
мын йæ тæф дæр хъыг кæны!.. Уый мæ дзырд нæу, Сырдоны
уынаффæ у æмæ йæ зонут — карз лæг у, мæ къах мын бынтондæр
ныллыг кæндзæн æмæ замманайы лæг сæфы!..
— Мæнæй-ма — хъуг давынмæ замманйы лæг!..
— Давгæ нал!.. Фæци!.. Ныр ме ’дылы зондæй ницыуал аз-
зад... Фæци!.. Цæлой мын раст дзырдта æмæ дзы хатыр хъуамæ
ракурон!.. Кæм и, кæ!.. Фæдзурут ма йæм, уый, чи зоны, афтæ
нымайы, мæсты йæм дæн, æз та дзы бузныг дæн, йæ разы къæм-
дзæстыг, нæ йæм байхъуыстон...
Уæдмæ Бориан æрбахæццæ. Лæппутæ уый дæр радыгай хъæ-
быстæ кодтой. Æрбацыд Цæлой дæр:
— Ам чидæртæ мæ сусæгæй цæл кæнынмæ хъавыдысты, фæлæ
уын дзы ницы рауайдзæн!..
Уыцы изæр цины ныхæстæ, хъæлдзæг дам-думтæ, зарджытæ
æмæ фæндырдзагъдæн йæ кæрон не скъуыд суан æрдæг æхсæв-
мæ. Хистæртæ дæр фæкъорд сты Алафарнмæ æмæ минасы фын-
гыл фæбадтысты зæрдæхцонæй.
* * *
Уыцы азы куыстытæ иууылдæр ацыдысты, Сырдон цы фæт-
кыл фæцалх кодта нæртон фæсивæды, Уазайы хохы рæбын ма
куы цардысты, уæд, уыцы нывыл. Хос кæрдынмæ, хуым кæрдын-
мæ, стæй суг кæнын æмæ ласынмæ, цуаны цæуынмæ — фæсивæды
634
кæрæдзийæ хицæнтæй нал фæндыд æмæ кæрæдзи æххуысæй код-
той сæ царды фæндиæгтæ... Хосгæрдæны иу къуыримæ сæ кæр-
динæгты фылдæр бафснайдтой æмæ уæд Сырдон Ахлæуы хъæу-
мæ акодта лæппуты иу хай — фæкæсæм сыхæгтæм... Нæ дзырд
дæр сæххæст кæндзыстæм, адæмы дæр базондзыстæм, чи зоны,
хæлæрттæ дæр ссарæм... Æххуыс нæ сæфы, йæ фæдыл æууæнк
æвзæры, уый фæстæ та хæлардзинад агуры зæрдæ... Хорз ацыди
сæ фæндаг дæр, сæ куыст дæр... Фæстæмæ куы цыдысты, уæд
сын Ахлæу сæ разæй скодта дыууæ галы — нарты зæххыл сæ куывд
скæнут æмæ-иу махæн дæр арфæ ракæнут!.. Хæмæт дæр семæ
цæуæг сси æмæ йын йæ мад æмæ йе ’фсымæртæ схай кодтой бирæ
фос: хъуццытæ, галтæ, фыстæ. Ныр уый Фæрныгæй фæхъæздыг-
дæр æмæ Фæрныг цин кодта — мæ лæппуйæн хорз бынтæ уыдзæн
мæ фæстæ дæр... Æцæг дзы Хæмæт йæхицæн бирæ нæ ныууагъта:
иуты дзы Сагсурæн схай кодта — иумæ цæрæм æмæ дзы дæуæн
нæртон хай хъуамæ уа мæ исæй!.. Хъуццытæ ма цалдæр хæдза-
рæн нæ уыд æмæ уыдонæн дæр радта фæйнæ хъуджы. Фыстæй
иу-дыууадæсы рахицæн кодта фæззæджы куывдæн.
Цорæ хатджытæ барвыста Алафарнмæ æмæ бафидыдтой: фæз-
зæджы, Уастырджийы къуыри, чындзæхсæв сырæзт æмæ та уый
фæстæ Сидахъ æмæ Сырдон фæсидзæргъуыз сты, фæлæ сыл уый
бæрц нæ фæзынди — ныр сæм сæ сыхæгтæ æз-фæраздæронæй
цыдысты æмæ сын сæ къух рæвдз кодтой. Сæ фæззæг фаронæй
бирæ ифтонгдæр рауад, хойраг сæм бирæ фылдæр æрцыд æмæ
дзы хистæртæ сфæнд кодтой Ахлæуы адæмæн дæс галуæрдоны
бахуын кæнын. Сарæзтой ацы хъуыддаг дæр — Ахлæу афтæ ма
зæгъа — нарт æбузн адæм разындысты... Цуаны дæр кæстæртæ
фæцыдысты æмæ та сæм сырдвыд фагæй фылдæр уыд зымæджы.
Зымæджы цыбыр бонты æмæ даргъ æхсæвты Сырдон тыхсти
цæуылдæр, фæлæ та-иу æм лæппутæ куы ’рбауадысты, зарыныл,
фæндырцæгъдыныл æй куы домдтой, уæд та-иу айрох йæ зæр-
дæйы сагъæс. Фыццаг-иу фæсивæды хъæлдзæг дарыны охыл рай-
дыдта хъазæн ныхас, фæлæ-иу дзы йæ уæлвæд айрох йæ сусæг
катай. Фæсивæды зарыныл, фæндыр æмæ уадындз цæгъдыныл
цайдагъ кæнынæй-иу æрсабыр æгуыст бонты æнтъыснæг. Стæй
уæдмæ уалдзæг æрхæстæг æмæ ног катайтæ æрхаста йемæ. Уыдон
та Сырдонæн уыдысты зæрдæрухсы хос.
Æмæ цард Сырдон хуымæтæджы хъæууон царды зилдухæны
иу афонæй иннæмæ. Царди, йæ бонтæ тыдта куы цины, куы мæт
æмæ катайы. Æрхуым, æрхæндæг сагъæстæм æй никуы ’вдæлд
царды бæрнæй.
Афтæ аивгъуыдтой цалдæр азы. Сидахъ гъæйтт-мардзæ усгур
635
лæппу рацыд æмæ Сырдоны мæт сси Сидахъæн ус æрхæссын.
Хæмæт æрхаста йæ мады амындмæ гæсгæ Ахлæуы æфсымæры си-
дзæр чызджы. Госæма йæ схъомыл кодта æмæ йын бацамыдта нæр-
тон æвзаг. Чызг æмæ лæппу фæзонгæ сты, Хæмæт фыццаг йæ мад-
мæ куы баззад, уыцы рæстæджы. Сæ зонгæ уарзондзинадмæ расайдта
æмæ дыууæ азы фæстæ Хæмæт æрхаста сæ ног сыхæгты чызджы.
Ныр нæртон дзыллæ сæ сыхæгтимæ тугхæстæг баисты æмæ ноджы
æнгомдæр цæрын райдыдтой. Иуæй-иутæ та æвзаг зонынмæ дæр
агуырдтой хæстæджытæ, кæрæдзимæ лæвæрдтой сæ чысыл саби-
ты — уыдон тагъддæр цайдагъ кодтой æндæр адæмы ’взагыл.
Иуахæмы сæххæст Сырдоны фæндиаг. Схъæр ын кодта Си-
дахъ, йæ зæрдæмæ цы чызг цæуы, уый æмæ фæззæджы, Уастыр-
джийы бонты, Сырдоны хæдзары сырæзт стыр чындзæхсæв. Хис-
тæр уазæг уыди Сугъар, Мады бынат — Сатана, кувæг Алафарн.
Сагсур загъта — æз уыдзынæн Сидахъæн дыккаг фыд, Сырдон ме
’фсымæр кæм у, уым мæм æмбæлы æмæ чындзæхсæвмæ æрхаста
дыууæ сычъийы цуанæй. Бирæ лæвæрттæ фæкодтой фæсивæд
Сидахъæн, йæ чысылæй фæстæмæ сæ уарзон саби уыди, стæй
Сырдоны лæппу!.. Сбуц æй кодтой, барæвдыдтой, фæузæлыдыс-
ты йыл æмæ Сидахъ сси ног цæрæг нæртон уæзæгыл.
Цалдæр боны фæстæ йын Сырдон афтæ зæгъы:
— Мæ лæппу, байхъус мæм дæ зæрдæйы хъустæй... Дæ мад
Аминæт а дунейæ куы хицæн кодта, уæд мын ныффæдзæхста: мæ
хъæбул йæ лæджы ранмæ куы ацæуа, искуы ус куы ’рхæсса, уæд-
иу æй йæхи хæдзары æрцæрын кæн... Зæххы хай йын уымæн
райстон дæ цуры... Дæуæй йын фæхицæн нæй, уый зонын, фæлæ
мæ фæнды, — йæ фыд Саулæджы хæдзар æдзæрæг куы нæ фæ-
уид... Мæрдтæм дæр куы зониккам — нæ бындар цæры йæхи хæ-
дзары, йæ фыд æмæ йæ мады хæдзары!.. Зын мын у, дæуæн дæр
æнцон нæу, фæлæ Аминæты фæндиаг сæххæст кæнæм... Афтæ
рауайдзæн, цыма йæ æз фæсайдтон, йæ мæрдон фæндиаг ын нæ
бакодтон... Æмæ уæд мæрдты бæстæм цы цæсгомæй бацæудзы-
нæн?.. Сæххæст æй кæнæм, уымæй ныл ницы ’рцæудзæн... Цæр-
дзыстæм дыууæ хæдзарæй фæрсæй-фæрстæм... Зоныс æй, мæ зæры
бон мæ дарын дæр, мæ ныгæнын дæр дæумæ кæсы... Цы нын ис,
уый дæу у — мæ лæдзæгæй мæ фæндырмæ... Куы нал уон, уæд сæ
фæрнæй фæдар... Фæлæ уæдмæ дæ мады æмæ дæ фыды хæдзары
æрцæр... Нæ хæрд дæр, нæ бадт дæр иумæ уыдзæн, фæлæ уæд-
дæр уым æрцæр мæ чындзимæ... Адæмы зæрдæмæ дæр ацы хабар
тынг фæцæудзæн: Саулæджы хæдзар нæ федзæрæг!..
Ницы сдзырдта Сидахъ. Фыццаг хатт йæ зæрдæмæ нæ фæцы-
дысты йæ уарзон фыды ныхæстæ. Йæ цæстытæ доны разылдта
636
æмæ рахызт къæсæрæй. Йæ хъыг зæрдæ куы ’рсабыр, уæд загъта:
чи зоны, фæзæронд баба æмæ фæлмæцы махæй, æвзонг адæмы
уырыхсныйæ, сæ ницы-мацы ныхасæй, фæфæнды йæ иунæгæй
аулæфын, уæд æй цы хъыг дарон?.. Уыйадыл Сидахъ йæ мады
хæдзары цæрын райдыдта. Сырдон бонæй куыстытыл уыди, изæ-
рыгæтты та фылдæр Ныхасы бадт йæ рагон æмгæрттимæ, æмæ
сын иу хатт афтæ зæгъы:
— Ардæм хъуамæ иу тъæпæн дур стулон уæрдоныл æмæ йыл
бадон, уæддæр хæдзарæй ам фылдæр вæййын æмæ дзы мæ номыл
бадæн саразон... Уырызмæгæн куы уыд нæртон Ныхасы сæрма-
гонд бадæн, уæд æз йе ’фсымæр нæ дæн æви?.. Уырызмæг, æцæг,
уæлейау, адæмы астæу уарзта бадын — сæйраг уынаффæгæнæг
уыд!.. Æз та — мæгуыр лæг, мæ бынат кæронæй, дæлдæр фæбад
мын куыд ничи зæгъа... Астæуæй — Алафарн, йæ дыууæ фарс —
Армимаз æмæ Сугъар, кæрæтты та — дыууæ ’фсымæры, Сагсур
æмæ Сырдон!.. Афтæ хорз уыдзæн, мæ фыдыстæн!..
Хистæртæ уый хъазынмæ истой, фæлæ Сырдонмæ та æндæр
фæнд уыди... Уый æцæг тыхсын райдыдта йæ цардæй... Нал æй
фæндыди ацы иударон фæткыл цæрын, фæлæ цы кодтаид, уымæн
ницы зыдта. Искуыдæм фæцæуид æмæ кæдæм?.. Алы ран дæр
уыцы тыхмитæ, хæрам æмæ æнæрастдзинад!.. Иууыл дæлдæр-
уæлдæртæ!.. Иууыл исы фылдæр æмæ номы хуыздæрыл мард!..
Чи кæуыл тых у, уый йæ быны æрыссæнды, æндæр дзы ницы
ис... Ныр Ахлæуы бафæрс: ды адæмæн хицау цæмæн дæ?.. Утæп-
пæт фос æмæ фæллой кæм бакуыстай?.. Дæ адæм дын фыййау
цæмæн сты?.. Цы зæгъид?.. Фæхудид мыл: мæнæн хицаудзинад
фыдæй баззад æмæ уый фæрсинаг цæмæн у?.. У, мæ хуры чысыл,
у! Алчи дæр йæ мадæн лæппуйæн райгуыры, цæрынæн, цард ара-
зынæн æмæ дзы фыййау та адæм скæнынц, сæ тыхмийæ, сæ хæра-
мæй!.. Тæригъæд нæу, фыдæй фыртмæ фыййауы хызынæй стыр-
дæр амонд кæмæ нæ кæсы, уый?.. Цы кодта, цы фæрæдыди Хуы-
цау æмæ адæмы раз?.. Йæ ныв ахæм цæмæн у?..
Нæй, никуыдæм ис мæнæн фæцæуæн... Ахлæу мæ æфсымæр
загъта, фæлæ уымæ дæр нæй цæуæн... Фынджы ’гъдауыл бафидау-
дзыстæм, царды ’гъдауыл — нæй. Уым дæр та хылмæ ’рцæуин,
æвæстаг хылмæ, уымæн та æгæр фæзæронд дæн... Диссаг нæу —
мæ сæр кæдæм фæхæссон а дунейыл, уый мын нæй!.. Фæзилин
дунетыл, фæлæ дзы рæстдзинады дуне никуы ис, хæрæмттæй та
фæлмæст дæн: мæ царм сæ арæдывсти, ме стæг — схырыз!.. Цы ма
сæ сгарон æмæ фæлгъауон... Ам мæ царды бæстæ сси æмæ уадз мæ
мæлæты зæхх дæр ам уæд, разы дæн, хуыздæр зæхх никуы разын-
дзæн мæнæн... Фæлæ кæд уыдзæн мæ адзал?.. Сфæлмæцыдтæн
637
цæрынæй дæр: дæ сæр сæ куы никæйуал хъæуа, уæд зын у цæ-
рын... Кæй ма хъæуын? Мæ кæнгæ хъæбулæн дæр даринаг суы-
дзынæн, æндæр ницы... Уый худинаджы цард у æмæ мæ нæ фæн-
ды уымæ ’рхауын... Цы зыдтон, уый сын бацамыдтон; цы мæ хъару
уыди, уый сарæзтон, бакодтон, бакуыстон!.. Цы ахъаз ма сын дæн?
Ницы... Уæдæ ма циу мæ цард? Арвæй зæххы ’хсæн хъеллау кæн,
дæхи дæр æмæ адæмы дæр мæстæй мар... Уый цæй цард у?.. Чи
зоны у, фæлæ мæнмæ ницы кæсы æмæ йыл куыд сразы уон?..
Нæй, уый ницы цард у æмæ йæ ныууадзын хъæуы, фæлæ куыд?..
Нæртон дунемæ, Уазайы дæлвæдджимæ та фæцæуон, мæ сабитæ
æмæ сæ мад кæм ныгæд сты, уым ссарон мæ мæлæт?.. Чи мæ баны-
гæндзæн? Мæ мард мын сынтытæ æмæ сырдтæ куы ныхсыной, уæд
ма мæ уд мæрдты дунейы куыд балæудзæн мæ сабиты раз?.. Нæ,
уый дæр ницы фæнд у... Стæй мæнæ амы нæртон дуне мæ зонд
æмæ мæ уды фарнæй дæр у цæрдхъом æмæ мын адджын у... Мæ
зæрдæйы рæбын мæ фæнды — ам куы ’рцæуин ныгæд, мæрдтæм
дæр мæм куы хъуысиккой амы хабæрттæ, æмæ-иу сыл дæлион ду-
нейы куы кæнин цин кæнæ хъыг. Фæлæ куыд саразон уый?.. Мæ
адзалмæ æнхъæлмæ кæсон даринагæй?.. Нæ мæ фæнды ахæм хъи-
зæмар æвзарын, уæд та мыл ныддаргъ ахæм цæрæнбон?!
Ницы амал ардта Сырдон æмæ та йæ тыхсты заманы йæ зæр-
дыл æрæфтыд йæ фыды бафæрсын: чи зоны йын уый исты ахъаз
фæуа?.. Ныццыд Сырдон Стыр доны былмæ... Фæззыгонбонуыди
райдзаст æмæ сабыр. Куыстытæ — фæуд, æрмæст ма лæппутæ суг-
ласæн кодтой, сæхи цуаны цæуынмæ æууындзыдтой æмæ уыцы
чысыл хъуыддæгтæм та Сырдоны æвналын дæр нал уагътой фæси-
вæд... Гъе æмæ йæхи аирхæфсыны ’фсон рацыди ардæм, йæ фæн-
диаг та уыд йæ фыды бафæрсын: фæстаг хагг ма йæ фенон — никуы-
уал фембæлдзыстæм, уый уæлион дунейы уыдзæн, мæлæт ын нæй,
хуыцæутты ’мсæр у, æз та мæрдты бæсты... Æрбадт Сырдон къар-
диуы нæууыл доны был æмæ каст фæззыгон доны сабыр, ирд уылæн-
тæм. Кæдæм цæуынц ацы уылæнтæ, цы бæрæг и? Чи зоны сæ фæн-
дагæн кæрон æппындæр никуы ис... Лæджы цард та — цыбыр, ра-
уылæн кæнæм не ’взонджы бонты æмæ стæй иуахæмы нæ хъару
фæвæййы, байсысæм царды уазал æмæ тæвд зилдухæнты...
Æрхæндæгæй бады Сырдон, нымайы уылæнты тулгæ цыд, са-
гъæс кæны йæ цардыл... Уалынмæ кæцæйдæр йæ хъустыл ауад
сабыр æхцон хъæлæс: «Цы кæныс мæ хъæбул, цы катай дæ æр-
кодта ацы ранмæ?..» Сырдон базыдта йæ фыды хъæлæс æмæ йæм
адзырдта, донмæ æдзынæг кæсгæйæ:
— Мæ фыд, мæнæн а дунейыл цæргæйæ нал у... Фæци мæ
царды нысан... Ницыуал ахъаз сын дæн... Даринаг суон, сфæлмæ-
638
цой мæ, уый та мæн нæ фæнды... Фæцæуин искуыдæм, фæлæ
цæй охыл?.. Никуы ссардзынæн удæнцой, мæ афтид хæлур ма цы
радав-бадав кæнон?.. Фæнды мæ — мæ буар уæлион дунейы, нæр-
тон Ныхасы бадæн дур куы фестид... Бадиккой-иу ыл хистæртæ,
ныхас кæниккой сæ царды фæндиæгтæ æмæ катайтыл... Хъусин-
иу сæм æмæ куы цин кæнин, куы мæт мæрдты бæсты сæ уæлион
цины æмæ масты койтæм... Мæ уд та уадз æмæ уа мæрдты ду-
нейы, уым ма кæд фенин мæ сабиты æмæ сæ мады цæсгом...
Сыстад доны уылæнтæй Сырдоны фыд æмæ кæрæдзимæ ным-
дзаст сты фыд æмæ фырт... Зыдтой сæ дыууæ дæр: уый фæстаг
хатт уынынц кæрæдзи æмæ сæ цæстытæ доны зылдысты, фæлæ
къуырма хъæлæсæй сæ иу, иннæ æгомыгæй хъуыста: «Цы дын
кæнон, мæ хъæбул?.. Ды бæргæ мæлæты фос хъуамæ ма уаис...
Фæлæ никуы уыд уæлæрвты рæстдзинад... Æрвон сылыстæгæй
чи нæ райгуыра, уый сын мæлæты фос у, æргæвдинаг!.. Кæд
æппæтæй дæр хуыцæутты ’мсæр у кæнæ ноджы бæрзонддæр,
уæддæр ын нæй ирвæзт адзалæй... Зонын æй, мæ хъæбул, æну
сон царды аккаг дæ, фæлæ дын ахæм амонд раттын мæ бар нæу,
æмæ цы кæнон, мæ иунæг?.. Чи зоны, æниу, æнусон цард дæ рас-
тагур зонд æмæ удæн æнусон хъизæмар уаид... Чи зоны, хуыз-
дæр у, мæнау дæм ахæм æнусон хъизæмар кæй не ’рхауд... Гъе
æмæ уыдзæн дæ фæндиаг иннæ абонмæ: фест нæртон Ныхасы
бадæн дур, куы дæ бафæнда, уæд; дæ уд та атæхдзæн дæ бинон-
ты цурмæ... Ныр ирвæзт дæ нæртон дунейы сар æмæ мастæй,
цин æмæ райæ, æрмæст ма сæ мæрдты дунемæ хъусгæ кæндзы-
нæ... Цу иннæ абонмæ, кæдæм дæ фæнды, уырдæм. Де ’мгæрт-
ты зæрдæ ма фæхъыг кæн, хæрзбон сын зæгъ, бирæ дæ уарзтой
дæ цæргæйæ, хорзæн дæ мысæнт дæ ацыды фæстæ дæр... Цу,
фæстаг хаттма сæ барæвдау, уыцы лæггадма сын бакæн... Цу,
ныр дæ царды хæс фыст у нæртон дзыллæйы раз: уарзондзинады
æхсарæй базыдтай, бавзæрстай, батыдтай æппæт дæр... Ныр
иннæ абонмæ сæрибар дæ æмæ цу, дæ зæрдæ ма дæ кæдæм сайы,
уырдæм... Хæрзбон у мæ хъæбул, мæ иунæг!..»
Сырдоны хъустыл ма ауад къуырма рыхын, цыма хохы къæдзæ-
хы сæрæй дуртæ тылдысты... Базыдта, уый йæ фыды цæссыгтæ
хаудтой стыр доны уылæнтæм æмæ уыдон цæлхъытæ уыдысты.
Сырдонæн йæхи цæссыгтæ дæр æргом ныггæр-гæр кодтой... Сын-
дæггай æрсабыр Сырдоны зæрдæ æмæ зæгъта йæ миднымæр: цæй
зын дæ ацы дунейæ цæуын, стыр фæндиаг дын куы уа, уæддæр!..
Цæуон, фенон æмæ ма барæвдауон ме ’мгæртты — мæ фыды фæ-
дзæхст у, æниу мæхи зæрдæйы дæр ахæм фæнд уыди...
Сырдон фыццаг бацыд Фатакуймæ — уый уыд йæ иууыл ра-
639
гондæр æмгар. Иумæ батыдтой сæ царды зындæр бонтæ... Ныр,
æцæг, зын нал у Фатакуйæн дæр æмæ Сырдонæн дæр, Фатакуйы
нымадæй... Сырдон та йæ царды зындæр бонтæм æрхæццæ, фæлæ
уый Фатакуй нæ зоны æмæ цин кæны йæ хицауы узæлдыл, йæхæ-
дæг дæр йæ алы фезмæлд, йæ алы хъистæй æвдисы йæ уарзондзи-
над. Уый Сырдоны зæрдæйæн хæссы æхцон æмæ æвæстаг æр-
хæндæг... Фæстагбонты цин кæнæм кæрæдзийыл, Урсдзых, фæлæ
хорз у, æмæ йæ ды нæ зоныс, æндæра нинниуис дæ хъæлæсы
дзаг, иунæг бирæгъы ниуд... Ма тæрс, иунæг нæ уыдзынæ — Си-
дахъ дæ мæ бæсты рæвдаудзæн æмæ хæсдзæн, фæлæ мæн никуы-
уал фендзынæ... Анхъæлмæ кæсдзынæ иу цалдæр мæйы, стæй дæ
ферох уыдзынæн...
Урскъахимæ Сырдон фæзылди быдыры, хъæдгæрæтты, дон-
былты, фæлæууыд йæ арæзт дуробауы фарсмæ, Аминæты ингæны
цур... Фæныхас кодта, дæлион дунейы адæмæй ацы обау æмæ
бæлæсты къохæй уæлмæрд кæмæн сарæзта, уыдонимæ...
Фæзылд Сырдон йе ’мгæрттыл дæр радыгай: Алафарн, Арми-
маз, Сугъар, Фæрныг — се ’ппæтыл æмæ сын иууылдæр дзырдта
уыцы иу ныхас: цæуын та нæ раздæры фыдыуæзæгмæ — æрвыл
æхсæв фыны уынын нæ уæзæг æмæ мæ сабиты, мæ бон нал у,
æмæ сæм хъуамæ фæцæуон, цыма мæм сæхимæ сидынц, афтæ
мæм кæсы, — афтыдта ма-иу йæ ныхасмæ. Æмæ йе ’мгæрттæ дæр
нымадтой: Сырдон хынджылæг кæны — куы ацæуа, уæддæр та
рыздæхдзæн!.. Сырдонæн сæфæн нæй!.. Алафарнæн ма афтæ дæр
бакодта: «Хъуырæутты бæгъатыр, нæртон дзыллæ дæ фæдзæхст!..
Ме ’рцыдмæ...» Ницы рахатыдысты йе ’мгæрттæ Сырдоны сусæг
фæндиагæн: йæ хæрзбон фæтчыгъæдæн у, æрыздæхдзæн та!..
Фæстаг бон сихорафон басидт йæхи хæдзармæ Сидахъмæ æмæ
йын загъта:
— Мæ лæппу, æз райсом раджы цæуын нæ раздæры бæстæм...
Кæд раздæхдзынæн, уый бæрæг нæй... Уыныс, зæронд лæг дæн,
чи зоны, хæццæ дæр нал æруон, фæлæ мæм æнхъæлмæ кæс уал-
дзæгмæ. Кæд хуымгæнæны размæ не ’рцæуон, уæд-иу зон — Сыр-
дон никуыуал æрцæудзæн æмæ-иу мын нæ иумæйаг уæлмæрды
сæрмæ къуылдымыл ныссадз æртæ бæрзы талайы... Уым уыдзæн
мæ ингæн æмæ-иу мæм бауай рухс зæгъæн бон... — Сырдон ма йæ
зæгъинаг уыд: æртæ бæрзы — æртæ сылгоймаджы, мæныл зæрди-
агæй чи скæуид: мæ мад, Зæринæ æмæ Аминæт... Фæлæ ницыуал
загъта, — лæппуйы зæрдæ суынгæг уыдзæн. О, хæдæгай: Фатакуй
æмæ Урскъахы ма рауæлдай кæн — уарзон мын уыдысты... Фæ-
дар’ сæ, цалынмæ сæ мæлæт æрдзон æгъдауæй ссарой, уæдмæ,
стæй-иу сæ мæ къуылдымы рæбын баныгæн — иу ран, фæрсæй-
640
фæрстæм... Мæ къæс, мæ кæрт, цы дзы ис, уыдон дæр дæу сты
æмæ сæ цæр. Кæстæртæ дын уыдзæн æмæ дæ бахъæудзысты...
Мæ лæдзæг, мæ фæндыр æмæ мæ богъгæнæн та мæ номыл фæдар
æмæ сæ фæрнæй фæраз, фæцæгъд, фæуас!.. Æз цы зыдтон, иууыл-
дæр дын сæ бацамыдтон æмæ цæр дæ дзыллæйы ’хсæн кад æмæ
радæй!.. Мæрдтæм мæм дæ дзæбæхтæ куы хъуысой, уæд мын
æхсызгон уыдзæн. Райсом раджы цæуын, æмæ мын дыууæ дзулы
нывæр мæ хызыны, фæндаггаг. Мæн ма Сагсурмæ суайын хъæуы
уалæ хуыскъæгты дарæнмæ æмæ дæ мæ хызыны хабар ма ферох
уæд... Гъа, хорзæй уал баззай, мæ хъæбул!.. — йæхимæ æрбалвæс-
та Сырдон Сидахъы рæсугъд сæр, стæй фæцæуæг — нæ йæ фæн-
дыд лæппуйæн йæ зæрдæйы æрхæндæг æвдисын.
Сырдон, æцæгдæр, Сагсурмæ цыди, фæстаг хатт уымæн кодта
хæрзбон. Сагсур фехъуыста, зæгъгæ, та Сырдон цæуинаг у йæ
бинонты ингæн уынынмæ зæронд цæрæнуатмæ, фæлæ йæ тынг
нæ уырныдта: фæзæронд æмæ ма кæдæм цæуы, уый дæр иунæ-
гæй!.. Фæлæ йæм куы расидт æддæмæ, уæд æй бауырныдта: йæ
фæнд конд у, нал æй раздахдзæн — ничи, хæрзбон зæгъынмæ
æрбацыди!.. Нырхæндæг Сагсуры зæрдæ æмæ тызмæгæй цыди
Сырдоны фæдыл, ницы дзуры Сырдон æмæ Сагсур дæр æнхъæл-
мæ кæсы, кæд æрлæудзæн, кæд ын зæгъдзæн йæ ныхас: æниу
фæлтау куы ницы зæгъид, куы нæ ацæуид!.. х
Сырдон цыди æнкъардæй, сæргуыбырæй æмæ æрлæууыд æр-
мæст Дуробауы раз.
— Ме ’фсымæр, ацы цырт куы арæзтон, уæд мæ зæрды уыди,
цыма йæ мæхицæн дæр аразын... Æрбадæм, ме ’фсымæр, ам, аф-
тид уæлмæрды фыццаг фæлтæрыл. Чи зоны, фæстаг хатт уынæм
кæрæдзи, уæд ма иумæ уæддæр абадæм, фæрсæй-фæрстæм... Æз
ахсæв ацæудзынæн... Иннæтæн нæ загътон мæ цыды сæр, фæлæ
йæ дæуæй не ’мбæхсын... Дæуæй адджындæр лæг мын ничи фæци
а дунейыл, мæ иунæг æфсымæр ды уыдтæ æмæ ды дæ... Нал æрыз-
дæхдзынæн æз... Цы æмæ куыд уыдзæн, уый развæлгъау чи зоны,
фæлæ фæстæмæ нал æрыздæхдзынæн... Ницæмæнуал хъæуы ам мæ
сæр... Зæронд лæг дæн, æмæ даринаг суон, уый мæ нæ фæнды, мæ
зæрдæ та куры — мæ сабиты цæсгом куы фенин мæрдты дунейы...
Цы ма дын зæгъон?.. Нарты дзыллæйы царды цы æмæ куыд араз-
гæ у, уый ныр бæлвырд у æмæ цæрут... Искуы уæ мæрдтæн рухс
куы кæнат, уæд-иу мæ æрымысут, бузныг уæ уыдзынæн мæрдты
бæстæм... Мæхи дын нæ буц кæнын, фæлæ фидæн ацафонмæ куы
нæ зынон, уæд-иу æй зон — æфсымæр дын нал ис!.. Быхс-иу, уæ-
йыг лæгыл куыд æмбæлы, афтæ... Æз æмæ ды, ацал-ауал азы куыд
быхстам æмæ фæрæзтам нæ хъизæмæрттæн, афтæ...
41 Сырдоны цæссыггæ
641
Сырдон банцад, Сагсур йæ цæсгом йæ армытъæпæнтыл æр-
уагъта æмæ уæнтæхъил, сæргуыбырæй куыдта. Сырдон уыдта,
лæгæн йæ бæгъатыр æнгуылдзы саггæмттæй тæдзынц йæ цæссыг-
тæ, фæлæ нæ зыдта, куыд æй æрсабыр кæна... Иудзæвгар фæбад-
тысты афтæ, стæй Сагсур сыстад, йæ уæлæфтауы кæронæй йæ
цæстысыгтæ ныссæрфта æмæ тызмæгæй бадзырдта Сырдонмæ:
— Цу, ме ’фсымæр!.. Дæуæн удыгæстæй мæрдтæ фæзынаргъ-
дæр сты, мæ ныхасæй нал фæчъил уыдзынæ, æмæ цу!.. Цу удыгæс-
тæй мæрдтæм!.. Æз мæ адзалы бонæй раздæр никуыдæм дæн цæ-
уинаг!.. Ды цу, ме ’фсымæр... Хæрзбон у!.. Не ’ппæты дæр
уырдæм хъæуы, æмæ ма мæрдты бæстæй та кæдæм фæлидздзынæ
дунейæн йæ хæрам митæй æмæ йæ хæрам адæмæй?.. Цу!..
Сагсур тæргайæ азылд æмæ, нозтджынау, цудтытæгæнгæ, ацыд
йæ дарæны ’рдæм. Сырдон иудзæвгар джихæй фæкаст йæ фæ-
дыл, стæй уый дæр зæронды мæнгæфсон цыдæй араст йæ къæс-
мæ. Уым хъуамæ арвита йæ уæлион царды фæстаг изæр...
Сырдон фæсахсæвæрмæ фæзылд дард хъæугæрæтты, нæ йæ
фæндыд, искæй ма федтаид, уый. Сагсуры уайдзæфы фæстæ йæм
хорз нал фæкаст, цы фæндаг равзæрста, уый... Чи зоны, раст у
Сагсур... Чи зоны, кæронмæ бафæразын хъуыд зæххон хъизæма-
рæн, Сагсур куыд фæраздзæн мæ фæстæ, афтæ... Уæд, æвæццæ-
гæн, уымæн дæр æмæ, уæлдайдæр та, Сидахъы фæлмæн зæрдæйæн
дæр æнцондæр уыдаид уыцы хъизæмар уромын?.. Фæлæ ма цы?..
Фæци, цæугæ у мæнæн!.. Сидахъы дæр нал хъæуы уынын, йæ
зæрдæйæн ма ног рис цы радтон, æндæр ын ницыуал ахъаз дæн.
Цæуын хъæуы сусæгæй, иунæгæй...
Сырдон хæдзармæ куы бацыд, уæд фынгыл æвæрдæй баййæфта
йæ хызын фæндаггаг дзултимæ æмæ цыхты къæрттимæ. Дзултæй
иу æмæ цыхты къæртт бахордта — æнæхъæн бон æххормаг уыди,
стæй, рухс не ссыгъта, афтæмæй ныххуыссыди... Дыккаг кæркуа-
сæнты фехъал æмæ ахъуыды кодта: афону!.. Сыстад, цырагъы фарк
ссыгъта æмæ къуымтыл йæ цæст ахаста: фæндыртæ æмæ уадындз-
тæ къулыл ауыгъд... йæ уæззау лæдзæг æмæ йæ богъгæнæн къуы-
мы хъилæй лæууынц... Цы ма йын ныууадзон æндæр?.. Цы мамæм
ис?.. Ис ма! — бацин кодта Сырдон, — мæ тинтычъи уæлæфтау, иу
хаттмын сидзæргæсустытæ кæй балæвар кодтой... Чи зоны, иууыл-
дæр йæ мады уæфт, карст æмæ хуыд у, уымæ æмбæлы!..
Рахаста Сырдон йе ’вæрæнтæй йæ уæлæфтау — иу конд æй
скодтон æрмæст! — æмæ йæ фынгыл, афтид хызыны уæлæ æрæ-
вæрдта дзæбæх тыхтæй... Æндæр мæм ницы ис æмæ цы кæнон?..
Бацыд ма йæ фæндыртæм æмæ сыл йæ армытъæпæнтæ æрхаста —
хæрзбон ут, мæ уарзон æмгæрттæ!.. Хæрзбон!..
642
Рацыд Сырдон кæртмæ, йæ армы рахаста, йæ фæндаггагæй ма
цы дыууæ дзулы уыд, уыдон æмæ сæ бадардта Фатакуй æмæ Урс-
къахæн. Стæй сыл атыхст, йæ рустæ сын сæ мукъутыл æрхаста
æмæ сын загъта: хорз рацæрут, ме ’мгæрттæ!.. Иæ фæдыл цæуын
сæ нæ рауагъта... Рахызт кæртæй Сырдон æмæ хъуызæгау бацыд
Ныхасмæ. Бадæн дур æвæринаг кæм уыд, уым æрлæууыд æмæ
йæ миднымæр адзырдта йæ фыдмæ: «Мæ фыд, ме сфæлдисæг!
Гъеныр мæ адзал æрцæуæд!...» Дарддæр цы ’рцыд, уый федта
æрмæст Фатакуй. Уый уæддæр йæ фæдыл рахъуызыд, — иунæ-
гæй йæ куыд ауадзон ацы талынджы?! Бон дзир-дзур куы кæна,
уæдмæ цæудзынæн йæ фæдыл, стæй раздæхдзынæн... Æмæ Фата-
куй федта, Сырдон Ныхасы астæу куыд лæууыд, стæй ныллæг
кæнын куыд райдыдта æмæ цыппæрдигъон бадæн дур куыд фес-
тад, уый... Федта, фæлæ адæмæн ницы загъта — дзурын æрмæст
Сырдонимæ зыдта. Фатакуй уым фæбадт суанг боныцъæхтæм, стæй
уыны, ницыуал ис уым Сырдонæй, баззад ма дзы æрмæст цæп-
пæрдигъон бадæн дур, сыгъдæг сырх æхсонæй, лæгъз æмæ æртти-
ваг, дæ ныхы хъæбæр ыл ахаф, уæд цæхæртæ акалы...
Райсомæй нарты хистæртæ æрæмбырд сты Ныхасмæ æмæ дзы
федтой ног бадæн дур, диссаджы аив конд æмæ æмдзыхæй загъ-
той: уый æрласта дысон, йæ ацыды размæ Сырдон æмæ йæ ам
сæвæрдта!.. Куы рæздæха, уæд ыл йæхæдæг баддзæн!.. Фатакуй
сæм фæсвæдæй касти æмæ хистæрты фæстæ уый дæр бацыд æмæ
Сырдоны дуры раз æрхуыссыд, йæ сæр йæ дзæмбытыл æрæвæрд-
та, йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ йæ уадултыл бырыдысты
зæронд æмгар æмæ зæронд куыдзы цæссыгтæ... Сугъар бацыд
бадæнмæ, йæ армытъæпæнæй йæ асæрфта æмæ йыл æрбадт, фæлæ
уæд Сагсур фестад æмæ йын тызмæгæй афтæ зæгъы:
— Сыст, Сугъар, уый Сырдоны у æмæ йыл йе ’рцыдмæ бадæн
нæй!.. — йæхæдæгбацыд Фатакуймæ, йæ хъæбысмæ йæ систа æмæ
ныббогъ кодта йæ хъæлæсы дзаг...
Хистæртæ хорзау нал фесты... Уынынц, Сагсуры иунæг цæс-
тæй кæлынц тугдзæссыгтæ, Фатакуй дæр хъыс-хъыс кæны æмæ
кæуы... Адонæй хæлардæр ничи уыди Сырдонæн... Æвæццæгæн,
мах кæй нæ зонæм, ахæм цыдæр зонынц Сырдонæй æмæ ууыл
кæуынц, — загътой нæртон хистæртæ æмæ ма цы акодтаиккой, уый
нал зыдтой... Сагсур ахаста Фатакуйы йæ хъæбысы æмæ ацыд...
Хистæртæ ма алæууыдысты иудзæвгар, мæт кодтой: цы ’рцыдаид
Сырдоныл, цæуыл кæуы Сагсур?.. Ницы рахатыдысты, æрмæст
ын тынг фæтæригъæд кодтой... Диссаг сæм фæкаст йæ æнахуыр
куыды хабар æмæ уæдæй фæстæмæ нартæм баззад æмбисонд...
«Зæрдæ куы рисса, усед сохъхъыр цæстæй дæр цæстысыг цæуы!»
643
* * *
Ацыди Сырдон дунейæ. Баззади Сырдон дунейы... Баззадыс-
ты йæ ном æмæ йæ кой, йæ хъизæмартæ æмæ йæ цæссыгтæ...
Дунейы дзыллæты цæссыгтæ, фыдæй фыртмæ, æнæрайы хæзнайау,
рафтыд æмæ байсыст кæмæн нæй, уыцы æвидигæ цæссыгтæ...
Уыдысты кæмдæриддæр, уыдысты кæддæриддæр!.. Фыдми æмæ
фыдвæтк дунейы. Тыхыл, гуымир тыхыл амад дунейы... Стæй
сын адæймаджы рæстагур зонд ницы сæрфат æрымысыд незама-
нæй абонмæ — быхсын, фæразын, хъæцынæй уæлдай!.. Ис ма иу
лæгдзинад — тыхмийы ныхмæ тыхæй хæцын, фæлæ уымæй дæр
незаманæй абонмæ тугкалд æмæ хъизæмарæй уæлдай ницыма ран-
тыст æфхæрд æмæ ссæст дзыллæтæм...
Сырдоны дугæй не ’хсæн адæймаджы цæссыгты хæрæмигъ
денджызау гуылф кодта æнусты дæргъы, стæй нымгуыдын, ным-
мæстæг, ныссалд... Фæлæ ма уыцы æнусон бæзджын ихы дæр,
авгæй къулау, хизы адæймаджы цæсты рухс æмæ уынын: Сырдо-
ны æрвгъуыз цæстытæ йæ уды рæбынтæм йедзаг сты æфхæрд дзыл-
лæты, æфхæрд дунейы, иунæг æмæ сидзæр адæймаджы æвидигæ
цæссыгтæй. Уынын, зæрдæйæ хатын йæ уды рис, йæ зонды хъи-
зæмар, фæлæ йын ницы у мæ бон ахъаз — уымæн дæр, мæхицæн
дæр, дзыллæтæн дæр!.. Æгъуыссæг æхсæвты, мæ мидвынты, мæ
миднымæр фæзæгъын: ницы у мæ бон. Мæнæ йæ кой уынгæг зæр-
дæ ныхасæй ракæныны йеддæмæ. Йæ фыдгой бирæ фæкодтам,
фæлæ барон лæг уыд æмæ нын мад-фыды удæст ныккæнæд ма-
хæн — йæ байзæддагæн... Ацы кой та йын хæлар фод... Айсæд æй,
æрæджиауы бузныгау... Уæддæр æрæджиауы зонд дæр зонд у,
кæд фыднысан нæ вæййы, уæд... Ныббарæд мын, йæ койы æна-
рæхст æмæ аивцухæй цы ис, уый дæр.
Сырдон ацыд дунейæ. Сырдон уыд æмæ уыдзæн дунейыл —
тъымы-тъымамæ.
Фæсхуымы зарæг - «Æнусон балц»
Мæрдты бæстæм фæтахт Сырдоны уд, фæлæ дзы æнцой не
ссардта. Уæлиуон царды йæ хæлур дуры хуызы бацыд æмæ æн-
цад-æнцойæ лæууы нарты Ныхасы, йæ уд та тыхсти мæрдон иугъæ-
дон æмæ æгъуыз цардæй, цардæй нæ, æнцой уæвынадæй. Йæ хъуы-
ды уæддæр зилахар кодта зæххон дунейы сæрмæ. Тыхсти ноджы-
дæр уымæй, æмæ мæрдты бæсты сног ис йæ быцæу Уырызмæг
æмæ Сатанайы зондимæ. Хæмыцимæ йæ ницы быцæуаг уыд, уый
быцæу кæнын нæ дæр зыдта, фæлæ фæхицæн нæ уыд уымæй дæр:
644
цыппар дæр иу мады зæнæг уыдысты æмæ сæ Барастыр хицæн
кæнын нæ уагъта: мыккагмæ хъуамæ иумæ уой. Мæнмæ уæлдай
бынæттæ нæй, ам уын авдуæладзыг æрхуы галуан нæу!.. Ноджы
сын семæ иу дардыл уаты æрцæрын кодта Сатанайы схæсгæ фырт,
кæйдæр фыййауæй чи рантыст, уыцы Сосланы æмæ Хæмыцы фырт
Батырадзы дæр æмæ уымæй дæр тыхст Сырдоны уд: нæ йæ фæн-
дыд ацы дыууæ лæджы — Хæмыц æмæ Сосланы удтæ уынын: йæ
туджджынтæ уыдысты уæлион дунейы æмæ ныр мæрдты бæсты
дæр йæ уæлкъæсæр æрзадысты, хæрæгсындзау!..
Стыхсти Сырдоны æнæнцой уд æмæ иуахæмы бацыд Барас-
тырмæ лæгъстæ кæнынмæ: ауадз мæ уæлион дунемæ!.. Фенон,
куыд цæрынц ныр та дзыллæтæ... Ныр мингай азтæ рацыд мæ
фæхицæны боныл æмæ дзы ницы аивта?.. Уырызмæг, Сатана,
Хæмыц æмæ Сосланы фæндиæгтæм гæсгæ цæрынц æви ис сæ цар-
ды хæрз чысыл цыдæртæ мæ фæндиагæй дæр?.. Ау, Батырадзы
хæст уæларв дунеимæ дзæгъæлы фæци?.. Фенон, мæ иу цæсты
тигъæй уæд та, стæй — здæхгæ!..
Барастыр бирæ фæхъуыр-хъуыр кодта, нæ йæ фæндыд Сыр-
донмæ хъусын дæр, фæлæ стæй афтæ зæгъы: «Уæлион дунемæ
афтæ цæугæ нæу!.. Нæй уырдæм ацæуæн дæуæн, стæй дæ мады
зæнæгæн дæр, сымах уе ’ппæт дæр мæлæты фос стут!.. Фæлæ уæ
кæд æндæр фæрæз нал и, уæд уæ иумæ, æхсæзæй, сæвæрдзынæн
дыууæ æвæджийау тыхджын æфсымæры æргъæу бæлæгъыл...
Уыцы дыууæ æфсымæры æнусон балцы сты Уæлæрвтæй Зæххы
астæу... Ницы бар дарынц махмæ, Уæларв æмæ Зæххы дунемæ,
стæй мæрдты бæстæм дæр... Цæуынц сæхицæн æнусон балцы, мах
хъуыды дæр нæ кæнынц... Чи зоны уæ сæ бæлæгъы аласой семæ.
Уæд уындзыстут бæлæгъæй зæххон дуне, дæу цы фæнды, уый...
Фæлæ уын рахизæн нæ уыдзæн бæлæгъæй — ныхæст уыдзыстут
уæ бандæттæм мæрдон бурæмæдзæй... Куы уæ фæнда бæлвырд-
дæр базонын, цы сты ныр та зæххон адæм æмæ сæ цард, уæд уын
амонæг уыдзæн æфсымæртæй иу æмæ уын дзурдзæн зæххон цар-
ды хабæрттæ, ныры адæмы бæрджытæ... Гъе уый уын мæ бон у
саразын, кæд уæ фæнды, уæд, æндæр мæ мацæуыл батыхсын кæ-
нут... Зæххон дунемæ ацæуæн уын нæй!..»
Сразы Сырдон, цы бон æй уыд... Балцы цæуын цыдæр хорз
фæкаст иннæтæм дæр æмæ сбадтысты æргъæу бæлæгъыл цыдæр
æгæрон цæугæдоны был. Сбадтысты æртæ фæлтæрæй: Уырызмæг
æмæ Сатана, Хæмыц æмæ Сослан, Сырдон æмæ Батырадз. Нын-
ныхæстой сæ къæлæтджынтыл цыдæр æнахуыр сасмæй, Барас-
тыр бурæмæдз кæй рахуыдта, уымæй. Батырадз æмæ Сырдоны
цæсгæмттæ бæлæгъæн йæ фындзмæ арæзт, иннæтæн та — бæлæгъы
645
зæвæтмæ. Иу дзырдæй, кæрæдзимæ чъылдымздæхтæй æрбадтыс-
ты æмæ уый Сырдонæи æхсызгон уыд: нæ уындзынæн мæ тудж-
джынты хæмхудтæ — Хæмыцы хъæмп рихи, Сосланы æрдæгкъахт
гæдывад цæстытæ.
Уалынмæ анкъуыст бæлæгь, æхсæры хъузджы ’рдæгау — фур-
ды уæлцъарыл. Иу къуыдиппарæзт уæвæгой, ныр сын Барастыры
бæсты чи схицау, уыдонæй иу йæ сылваз бæрзонд хъæлæсæй ра-
дзырдта:
Рæстæг
Дыууæ тыхы дыууæ ’фсымæры стæм:
Æз — Рæстæг, уый — Тыгъдад, йæ гакк нæрæмон!..
Нæй махæн никуы рафтæн æмæ раивд,
Нæй райдиан æмæ кæрон дæр нæй!..
Циу адæймаг та?.. Сау хæфсы лæппын!..
Куы свæййынц искуы цъыфдзасты лæтæр,
Уæд та сæ хонынц буцдæр номæй— Адæм!..
Цæуын æз — Рæстæг акиан æмвæтæн,
Тыгъдады риуыл уылæнтæ кæнын
Æмæ ыстæм ран, ме ’нхъæвзæны искуы
Хæфсы лæппынтæ ленк кæнынц лæтæртæй!..
Сæртæ — стыр!.. Сæ сæрты — зонд хæрз чысыл!..
Кæрæдзи фыд хæрынц æмæ ’ууилынц;
У райсомæй изæрмæ та сæ цард,
Ыстæй сæ уæд, сыджыты муртау æз
Мæ бынмæ ласын... Уым хуыссынц хъаймæтмæ
Фæлтæр-фæлтæр кæрæдзийыл рæдзагъдæй!..
Ызмисы муртæй — доны бын ызмис!..
Уæддæр сæхи Хуыцауы бар нæ уадзынц,
Кæнынц быцæу — Мæнмæ, Хуыцау, Тыгъдадмæ!..
Гъæй, тъотъона, куыд ницы стут, куыд ницы,
Æмæ уæ бон куыннæ зонут!.. Кæсут
Фæнды уæ фенын ногæй — Дуне, Цард,
Цахæм, дам, у зæххон Адæймаг гъеныр, —
Цыма дзы исты раивта æнусты!..
Цы уыдыстут, гъе уый ыстут ныр дæр,
Кæд мин-мин азы рацыди, уæддæр!.. —
Хæфсы сæрджын къæбилатæ!.. Уæ сæртæ
Афтидæй — дымст! Мæлдзыджы зонд сæ нæй!
Æмæ хæрут, хъæддаг сырдтау, кæрæдзи
Куыд тыхджынæй, куыд хин æмæ кæлæнæй;
Цæмæ тырнут, — уæхæдæг дæр нæ зонут...
646
Мыййаг, рæдийын?.. Уæд зæгъут уæхæдæг:
Цы уæ фæнды, цæмæ бæллы уæ уд
Мæрдты бæсты... Дæ хорзæхæй, Сатана!
Сатана
Цы мæ фæрсыс?.. Æцæгæй кæд дæ Рæстæг
Уæд зоныс алцы... Сонт лæгау, дæуыл
Нæ фидауы хынц фарст... Нæ хабар зоныс:
Мах баййæфта æрвдзавд æмæ фырдиссаг!..
Цы ма нын ис? Нæ цард мысын æрмæст!..
Уæлæуыл мах нæртон нæргæ цард кодтам:
Мæ лæг уыд нартæн Раздзог, æз — Æхсин!
Хуыцауы ’мсæр уыдтæн — куывтой мын адæм,
Мæ галуанмæ сæ кувинæгтæ хастой
Æмæ уыдтæн сæ фæдзæхсæг, сæ хъузон!..
Куы хъуыди зонд, уæд лæгтæ дæр мæн фарстой,
Тых фаг кæм нæ уыд, уым-иу кодтон хинтæ
Æмæ нæ лæгтæ — алкæуыл уæлахиз!..
Цы ма мын ис?.. Мæрдырох æмæ мысын!..
Куы уаид бар — фыццаджы цард та ногæй!
Æндæр хуыздæр нæ хъæуы ницы мæн!..
Уырызмæг
Аив загъта Сатана — ме ’фсин — алцы!
Æз разы дæн — фыццаджы цард та ногæй!
Цы уыдис, уымæй ирхæфсын мæхи
Мæрдты бæсты дæр — хорз уыдис æппæт!
Хуыздæр цард искуы ис, æз уый нæ зонын,
Йæ зонын дæр мæ уа-диссаг нæ фæнды,
Мæ фæндиаг — фыццаджы цард та ногæй!
Æндæр хуыздæр мæн дæр нæ хъæуы ницы!..
Хæмыц
Рæстытæ зæгъынц ме ’фсымæр, мæ хо:
Сатана уыд Æхсин, Уырызмæг — Раздзог,
Фæлæ цы федтой цардæй цымæ?.. Ницы!
Сæ иу уыди Æхсин!.. Ай-гъай, куывтой йын,
Фæлæ уый циу, зæрдæми дзы куы нæ уа,
Уæд цард — æдзæхх!.. Сатана зоны уый,
Æмæ фæлвæрдта цалдæр хатты: уыд
Цыдæр фæййæуттæ, иу сылваз дог Сафа,
647
Фæлæ йæ фарсæй фесты... Æй, Уырызмæг,
Ды та зылдтæ хæтæнты æмæ стæрты,
Кæмæйдæр-иу рæгъау ыстуртæ байстай,
Ыстæй-иу сæ фæдæ къуыримæ хæрд,
Æмæ та ногæй — балц!.. Дæ цонгвыд хæр —
Æндæр цæй цард у уый?! Цæргæ æз кодтон:
Фæзылдтæн æз рæсугъддæр сылтыл радгай!
Уыд алцы дæр — хæрд æмæ нозт, зæрдæми!
Гъе уый у цард, лæджы аккаг, æцæг!..
Уырызмæг
Раст афтæ царди Борæты нæл хæрæг!..
Хæмыц
Нæ, ме ’фсымæр, хæлæгмæ кæныс фидис,
Дæу дæр фæндыд, фæлæ нæ уыд дæ амонд:
Дæуæн дæ хай фæци нæ уæрцы — Хистæр! —
Архъызы дæндаг бафтыди мæнмæ!
Куы уаид бар, уæд та фæцæуин ног
Зæххон дунемæ... Хъазин та уым сылтæй!..
Мæрдты бæсты цы фæцух дæн, гъе уый
Дывæрæй сисин рæсугъдтæн сæ рагъæй!..
Гъе уый цард — уæлæуыл дæр, мæрдты дæр!..
Рæстæг
Уæд рахиз ам!.. Ис иу паддзах æввахс ран,
Йæ галуаны ис фондз сæдæйы сылтæй,
Сæ лæг та — уый! Æмæ сыл зилы радæй!
Хæмыц
Гъе уый дын лæг!.. Рæсугъд сылтæ сæдæтæй!..
Гъе уый бæсты æз бакусин нывыл!..
Рæстæг
Уæд хизгæ у, тыхæй йын байс йæ бынат,
Æмæ йæ бæсты хъилæй къах уæрмытæ!..
Хæмыц
Паддзах ысуон?.. Паддзах йæхæдæг уæд,
Йæ устыты та бакæнæд мæ бар!
648
Рæстæг
Ис уый гæнæн дæр, гъе, фæлæ...
Хæмыц
Цы ма?..
Рæстæг
Йæ усгæсты фыццаг кæны æрдузгæ...
Хæмыц
Æрдызт сылгæс-иу ды ныллæуу дæхæдæг,
Хуырым цыдæр!..
Рæстæг
Уæдæ нæ хизыс?..
Хæмыц
Нæй!!!
Сослан
Хæмыц нын рагæй басгуыхти сылваз,
Бæгъатырау нæ зоны уый хæсты ад...
Ныббырс, ныццæгъд, кæрдæнтæ кæн дæ цирхъæй!..
Ныммардтай, уæд ысгуыхт лæг дæ, бæгъатыр!
Уæд барджынæй дæ амæттæгтæн растигъ
Сæ сæргæхцтæ æмæ сæ бахуый кæрц!
Гъе уый — лæджы ми! Сахъ лæгæн — йæ гакк!
Фæлæ цы зоны ахæмтæн Хæмыц?!
Рæстæг
Ис иу паддзахад донбылгæрон ам —
Дæ халдихтæ уым тынг хъæуынц нырма дæр —
Ныххаф фæрæтæй сахъ лæгæн йæ сæр
Æмæ дын мызд — æппæтæй дæр хъуырмæ!..
Сослан
Лæгæй лæгмæ фæхæцынц уым æви?..
649
Рæстæг
Лæгæй лæгмæ! Æрмæст сæ иу у баст,
Æвæрд дæлгоммæ къуыдырыл йæ бæрзæй,
Æмæ йæ цæв! Куыд атæха йæ сæр!..
Сослан
Йæ уæлвæд дыл ыскæндзæн исчи зарæг?..
Рæстæг
Вæййы, ыскæнынц зарæг дæр... Вæййы!..
Сырдон
(йæхицæн дзурæгау)
Цы диссаг у: æфсæст гуыбын — æппæлаг!..
Йæ фæлхортæй йæ чи бафсады, уымæй...
Фæлæ гуыбындзæл зарæггæнæг нæу!
Рæстæг
Вæййы, ыскæнынц зарæг дæр... Æцæг,
Фылдæр фæкæнынц фидистæ, æххы-ту!..
Сослан
Уæд ахæм куыст мæнæн нæ ратдзæн къух:
Бæгьатыр мæ куы нæ хоной, уæд ма
Цæмæн æргæвдын искæй та?..
Рæстæг
Уæд лæуу
Мæ бæлæгъы мæрдон сасмæй ныхæстæй!..
Батырадз
Уæдæй нырмæ дæм хъусын æмæ — ницы,
Лæджы нымадæй ницы дæ æппындæр!..
Тыхджын дæн æз!.. — æппæлыс, — акиан!..
Сосланыл худыс, фæлæ ды — фыддæр,
Гуымир тыхæй дæ буц æмæ сæрыстыр!..
Мæ цæргæйæ тыхджындæр уыдтæн æз,
Мæ тæвдæй-иу ныххуыскъ и акиан,
Мæ цæфæй-иу цъæх айнæг фестад рыг,
650
Фæлæ нæ хастон никæмæ æз тых,
Ыстæй мæ тыхæй не ’ппæлыдтæн — никуы...
Лæджы дæлдзиныг чи кодта, гъе уымæн,
Æцæг, нæ барстон... Дауджытæ ’ мæ зæдты,
Нæртон фыййауау, æз ыскъæрдтон донмæ
Хъæдын лæдзæгæй... Уый адыл Хуыцау
Мæн амардта ызмур хинæй, кæлæнæй —
Æз та йæ хъан, йæ хæрæфырт уыдтæн!..
Ыстæй мыл уæд æртæ цæссыджы рахста, —
Æфсæстгуыбын кæфхъуындарау!.. Ды дæр
Нæ дæ хуыздæйраг... Ис дæм тых, уый раст у,
Фæлæ кæмæн, кæд ракодтай хæрзиуæг?!
Рæстæг
Хæрзиуæг?! Уый та циу?!
Батырадз (худы)
Йæ ном ын
Уæд та куы зонис, науæд дæм куыд дзурон?..
Дæуæй куы уаин, — дунетыл цы ис, —
Кæрдæджы хал уа, цъингуыр, йе лæг уа, —
Æз се ’ппæтæн зæрдæрай уарæг суаин:
Кæм сабийæн йæ цæстысыг ныссæрфин,
Кæм цъингуыры сыгъдæг малмæ фæхæссин,
Тыхгæнæгæн та басæттин йæ тых,
Æмæ гъе уый хуыйнид — аив хæрзиуæг!..
Уынын, нæ зоныс ахæмтæн ды ницы,
Æмæ дæ дзырд — хæфсы лæппын у Лæг!.. —
Мæнмæ нæ кæсы диссаг... Ды дæхæдæг
гуымир æмæ æдылы тых дæ ’рмæст!..
Дæ фидистæ дæхиуыл дæр фидауынц!..
мæнмæ та, зæгъгæ, царды рад æрхауд
Дыккаг хатт, уæд ысфæлындзин нæ Дуне —
зæххы къори,.. цы-рæсугъддæр æй скæнин,
Аивы фæткыл равæрин æппæт —
Кæрдæджы цъуппæй Адæймаджы зондмæ! —
Ыстæй уæд сисин а Зæххы мæ армы
Æмæ йæ схæссин Хуры онг! Зæгъин:
Хуыцау, дæуæн æй радтин æз лæвар,
Фæлæ лæгмар дæ ды, дæуæн æвгъау у!..
Уадз Адæймагæн баззайæд мыггагмæ —
651
Цæрынæн æмæ Амондæн!.. Фæци!
Мæн нал фæнды гуымиры тыхмæ хъусын!
(йæ цæсгом скодта Хуры цæстмæ)
Сырдон
Лæг-дунейы фыдвæтк æмæ фыдмитыл
Фæрадтæ ды, хæрам лæгау... Фыдзæрдæ
Фæкæны афтæ — искæй цаудыл рай!..
Цы кæнæм — худ!.. дæ фидисты рæстытæ,
Æцæгдæр, ис!.. Хæрæм кæрæдзи мах,
Зæххон адæм... Хæзнатыл, фосы номыл,
Уæлдæр лæууыныл, хицауы бынатыл
Кæрæдзи хъуын-хъис тонæм æмæ ’взонæм...
Æмæ ныл худ: хæфсы лæппын!.. Цыбырзонд!..
У Адæймаг чысыл саби нырма
Нæма бацыд йæ дардыл зонд йæ тыхы...
У Адæймаг дыууæ гуырдзæй та конд...
Дыууæ гуырдзы йæ тæнæг цармы тыхт:
Сæ иу у сырд, у Адæймаг та — иннæ!
Ды иудзæстыг уæйыгау дæ аипджын, —
Цæсты рухсæй, хæлынбыттырау, цух;
Дæ ном та у, мæ нымадæй, хæлынцæст!..
Æмæ уыныс ды Адæймаджы цармы
Сырды хъустæ, нæ дзы уыныс лæджы зонд...
Сырды митæй нæ Дуне у хъуырмæ,
Нæма фæтых и Адæймаг йæ Сырдыл,
Фæлæ нæ уыдзæн ахæм фæтк æнустæм...
Сыгъд-уырыд цардыл дзæгъæлы фæхудтæ,
Нæ сырды митыл дзæгъæлы фæрадтæ, —
Нырма къуыпа у Адæймаджы зонд,
Нæ райхæлди йæ зæрдæйы къуыбыр дæр,
Фæлæ дзы тæрс!.. Куы райхæла йæ Зонд,
Уæд аххæсдзæн уый де ’фсымæр, дæуыл дæр,
Уæ райдиан, уæ кæрон дæр ыссардзæн,
Ысуыдзæни æгæронæй нæрæмон!..
Уæд сифтындздзæни де ’фсымæры, дæу,
Дыууæ галау — хъæдын æфсондзы иумæ,
Æмæ йын райгæ ласдзыстут æнустæм
Йæ царды уæрдон!.. Хъусдзыстут æм, галтау,
Æртæйæ уæд цæдис æмбал уыдзыстут!..
Уæд Адæймаг йæ цард нывыл нывæнддзæн,
Лæгæн уæд лæг, нырау, йæ фыд нæ хæрдзæн;
Зæрдæрухс æмæ удæхцон хæсдзысты
Кæрæдзийæн, æфсымæртау, уæд адæм!..
Лæгæн уыдзысты фенддаг æмæ диссаг
Йæ хъуыды дæр, йæ конд æмæ йæ уд дæр!..
Хуыцау ма йæм хæлæгæй дæр мæлдзæн!!!
Кæд уыдзæн уый?.. Нæ зоны ничи уый,
Фæлæ уыдзæн — æнæмæнгæй уыдзæн!..
Дæ бæлæгъы дæр уый ныфсæй цæуын
Æнусон балцы, заманты фæлмигьы,
Кæд искуы уый мæ цæсты тигъæй фенин, —
Дæлдзæх кæд искуы удæнцой ыссарин!..
Ныр у, æмæ мæнæн дæхицæй ма ’ппæл,
Хуыцау дæр зондæй не схæцыди мемæ,
ды та цы дæ?.. Ды — наутæрæг æрмæст,
Æмæ ыскъæр дæ нау, дзæгъæлы ма дзур, —
Æбæркад дзырд æлгъыстæй дæр фыддæр у,
Фæлæ дæ нау ыскъæр!.. Нæ фæндаг дард у,
Мæ фæндиаг кæд æрцæудзæн — нæ зонын,
Фæлæ — тæргæ!..
Рæстæг
Тæхудиаг — кæй уырны!..
(Сырдон æрхæндæгæй кæсы æрвгæронмæ, йæ цæсгомыл
хъазы рухс).
1983-1993 аз.
653
СÆРГÆНДТÆ
Фыццаг чиныг
Ныстуан 5
Фыццаг хабар
Райсомы сабыр 7
Дыккаг хабар
Нæй дунейыл æнцой 85
Æртыккаг хабар
Цирхъ æмæ фæндыр 212
Цыппæрæм хабар
Тугуарæн къæвдатæ 273
Дыккаг чиныг
Фæндзæм хабар
Фыдвæд æви æвæд? 331
Æхсæзæм хабар
Фыдæвзæрæны хуыдымы 453
Æвдæм хабар
«Сындз — йæ сæр, сой — йæ бын» 547
Æстæм хæбæр
Адæмы фидыц — сс ’гъдау 601
Фæсхуымы зарæг — «Æнусон балц» 644
Литературно-художественное издание
ДЖУСОЙТЫ НАФИ ГРИГОРЬЕВИЧ
СЛЕЗЫ СЫРДОНА
Роман в двух книгах на осетинском языке
Редактор
С.З.ХУГАЕВ
Художник и художественный редактор
Г.З.ЧЕДЖЕМТЫ
Технический редактор
А.В.ЯДЫКИНА
Корректор
Т.А.КАЗБЕКОВА
Компьютерная верстка
З.С.МИСИКОВОЙ
Сдановнабор 12.02.04. Подписанок печати 12.02.05. Форматбумаги
60x84 У^. Бум. офс. Х?1.Гарн. шрифта «Кис1га5поу».Печать
офсетная. Усл.п.л. 38,13. Учетно.-изд.л. 38,49. Тираж5"00. экз.
ЗаказХо/33 . С 5.
Комитет РСО—Алания по печатн и делам издательств.
Издательство «Ир*, 362040, г. Владикавказ, проспект Мира, 25.
Отпечатано с готовых днапозитивов в ОАО Издательско-ноли-
графическое нредприятие им. В.А. Гассиева, 362011, г.Влади-
кавказ, ул.Тельмана, 16.