Text
                    Журнал выходит
с мая1934 года
ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ ЖУРНАЛ СОЮЗА ПИСАТЕЛЕЙ
РЕСПУБЛИКИ СЕВЕРНАЯ ОСЕТИЯ-АЛАНИЯ
Главный редактор —
Редколлегия:
Техн. редактор
Корректор
Ахсар Кодзати
Гастан Агнаев
Руслан Бзаров
Борис Гусалов (отв. секр.)
Анатолий Дзантиев
Елизавета Кочиева
Анатолий Кусраев
Давид Темиряев
Камал Ходов
Сергей Хугаев
Кудзиева Раиса
Заира Карацева
Владикавказ 1999


'99 Журнал цæуын райдыдта 1934 азы майы ЦÆГАТ ИРЫСТОН-АЛАНЫ РЕСПУБЛИКÆЙЫ ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ Сæйраг редактор - Редколлеги: Техн. редактор Корректор - Хъодзаты Æхсар Агънаты Гæстæн Бзарты Руслан Гусалты Барис (бæрн. секр.) Дзантиаты Анатолий Косты Лизæ Къусраты Анатолий Темыраты Давид Ходы Камал Хуыгаты Сергей Куыдзиаты Раисæ Хъæрæцаты Зæирæ Дзæуджыхъæу 1999
Н 0 М Ы Р Ы И С: МАМЫКЪАТЫ Хъазыбег Хуыцауы Дзырд. Æмдзæвгæтæ .... 5 ТЫДЖЫТЫ Юри. Дард уалдзæг. Уацау 7 НÆКУЫСА ТЫ Наирæ. Ног амонд. Æмдзæвгæтæ 58 РÆМОНТЫ Геор. Æмдзæвгæтæ 61 ГАДЖИТЫ Илас. Гокъоры къалоз. Радзырд 64 ТÆЛМАЦТÆ Апполон МАЙКОВ, Людвиг УЛАНД, Мориц ГАРТМАН, Роберт БЕРНС. Æмдзæвгæтæ. ДЖЫККАЙТЫ Шамилы тæлмац . . 72 АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД Таурæгътæ 82 Сывæллæтты хъæзтытæ 103 УИДÆГТÆ Святой Николай Двали (+1314) 113 Мученичество Святых Сукиасянцев 115 АГЪНАТЫ Æхсар. Нæ фыдæлты сахартæ 126 «Мах дуджы» равдыст 135 ЧИНГУЫТЫ ТÆРХÆГ ДЕГЪУАТЫ Соня. Табуйаг курдиат 147 ФЫСДЖЫТÆ ХУДЫНЦ СУЛÆМУЛÆ. Цыбыр нывтæ 155 ГУЫДЗЫГО. Зындгонд адæмы цардæй 157 4
МАМЫКЪАТЫ Хъазыбег ХУЫЦАУЫ ДЗЫРД хъынцъым Тъымы-тъыма — рыстфæлдисæны авдæн — Фæливы мæн куырысмæдзог лæгау... Мæ бонтæ мын фæвæййы, «бецау», давдæй, Йæ артæн уисгай райхæлдта мæ кау... Фæлæ мæ зæрдæ баст куыдзау цы сæрра, Ыстæлмытæ цы хъынцъымты мæ уд?.. Мæ дыргъдонмæ мæ нал уадзы пысыра, Кæны мыл мæй Сырдоны хъуджы худт. Мæхиуыл худын аивæй: æз дæр кæд Поэты рухс ном гамхудау хæссын, Мæ урс гæххæтт кæд ивад у, æбæркад, Æртыхсти кæд мæ сау рæнхъытыл сындз... Зынгфæлдисгæ ныццæхцæх кæны зæрдæ: Хъынцъым-цъысым дын ценнæ у æгъгъæд!.. Нæ уды уæнт Æхсар æмæ Æхсæртæг, Сæ фарн-фæткъуы та макуы фæуæд хæрд! 5
СУРÆТ Сурæт... Ацы зæдæнгæс сылгоймаджы мын Хуы- цау уæларвæй мадымадæн æрæрвыста... Хуыцауыл æууæнд, зæгьгæ, фыццаг хатт уымæй фехъуыстон, мæхи зонынхъом куы фæдæн, уæд. Уæд æй нæма æмбæрстон, дзæвгар фæстæдæр йæ ныхæстæ мæ зæрдæйы арф кæй ныххиздзысты, уый. Æвæццæгæн мылйе ’цæгдунейæ ардæмуæдæйнырмæ æвæллайгæйæ хæрзаудæн кæны, æмæ йæ аз та нырма ныр æмбарын райдыдтон, Хуыцауыл æууæндын цы егъау, цыдисса- джы лæвар у, уый. Дæ ныхас дардæй азæлы мæ хъусты, Йæ хъарм сæтты зæрдæйы къæйдур кæд,— Æртæхы мæм рæувад фидиуæг — рухс тын, Æрхæссы мын дæ курдиат, Сурæт: Æууæнд Хуыцауыл, кæ Хуыцауæн табу, Хуыцауæн дзур дæ цин æмæ дæ зын. Хуыцауы Дзырд дæ хъысмæтæн йæ апп у, Чырысти та — Сырх Сæн æмæ Кæрдзын. Чырысти у æрвон бындур дæ цардæн, Уый — царддæттæг — дæумæ дары йæ къух, Дæуæн дзæнæты срæвдз кодта хæдзар дæр, Рæсугъд Æй дары де ссыдмæ æдзух. Дæлимон дæу дæлджинæгмæ ысхойæд, Ды ма фæцуд, йе ,ма басгуых тæппуд,— Мæ хуры хай, Уæлахиздзау Йесойæн Ыснывонд кæн дæ цард æмæ дæ уд!.. ...Сурæт, мæ цæстыл ауайы дæ сурæт, Дæ мидбылхудт, дæ цæстыты ныхас. Хуыцау дæ цурæй мигъы къæм дæр сурæд, Дæ фынгыл та æрæвæрæд мæ уарзт.
ТЫДЖЫТЫ Юри ДАРД УАЛДЗÆГ Уацау Хæстыфæстæйы дыккаг фæззæг хъуынтъыз æмæ æнкъард ахаста. Цъæхуымæл ~мигъ-иурайсомæйизæрмæ бадти бурбынхъулæттæ бы- дыртыл. Йе ’хсæнты-иу хатгай хур йæ фæлурс цæст куы æрдардта, уæд-иу адæймаджы зæрдæйы ахъардтой цин æмæ ныфсы уылæнтæ. Фæлæ-иу ахæм рæстæг бирæ нæ ахаста. Быдыртæ нырма топпыхосы хъыггаг тæф кодтой. Ам дæр хæст нæрыди. Куы адарду уæд сыл хуымгæнæджы æмæ тауæджы къах æрлæууыд æмæ та сæ мидæг царды уд стæлфыди, сæ хуыз та сабыр- гай калын райдыдтой. 1. ыди фæззыгон мигъджын райсом. Фæстаг цъынамæ найгæнджытæ æрбатылдтой сæ найгæнæн. Хурныгуылды агъоммæ найгонд фæуы- дзысты. Æмæ уæд адæмы нартхор тонынмæ равдæлдзæн. Фæлæ егъау цъынайыл ахæцын хъуыди. Раздæр-иу ацафонмæ быдыры нартхор æфснаинаг йеддæмæ ницыуал баззад. Уый дæр нымад зæххытæ. Кæд фæззæг йе’мбисы къæсæрæй ахызт, уæддæр найгæнæнтæ ныддæргъвæтин сты. Кусæг тых нал фаг кодта. Быдырты змæлыдысты устытæ æмæ зæронд лæгтæ, -сывæллæттæ, хæстæй æрдæг лæгтæй, сахъатæй чи ссыд, уыдон. Сæ бон цастæ уыди, фæлæ Хуыцауæн табу, æгайтма хæсты мылазон мигъ фесæфт, æгайтма сабыр цард йæ барты ныллæууыд. Адæймаг райгуырди фыдæбæттæн æмæ зынтæн, цин æмæ амондæн, цард рæсугъд æмæ фæрныг кæныны сæрап- понд. Адæймаг йæ фидæны ныфсæй куы нæ цæрид, уæд йæ цард арф, талынг лæгæтæй, тыхджын дымгæмæ дард æртхутæгæй уæлдай нæ уаид. 7
Гъе ахæм хъуыдытыл бафтыди Габо. Адджын сагъæстæ йæ æнцой нал уагътой... Æ^тæ боны æмæ æртæ æхсæвы хуыссæджы хъæстæ нæ фæци. Йæ къобор галтыл хъæмп ласта найгæнæнæй, рæгътæ йæ кæм амадтой, уырдæм. Æмæ-иу кæд, галты сæрбосыл хæцгæйæ, цæугæ-цæуын йæ цæстыуæлтъы- фалтæ кæрæдзиуыл авæрдта, уæд хорз. Ныр йæ уæнгты фæллад фæлыгъди райсомы уазалæй, йæ хуыссæг айсæфт. Йæ зæрдæ цинæй рызт: изæрæй фæскуыст сæ хæдзармæ сæфтдзæн, йæ бинойнаг Ханийы æмæ йæ чысыл фырт Га- гийы барæвдаудзæн. Æмæ уый зæрдæйæн æхцоны хос нæу? Уый амонды нысан нæу?.. Тракторы уæззау хъæр, найгæнæны æфсæн «хуылфыдзау- мæтты» уæззау змæлд æмæ гæрзыты рог дзæхст-дзæхст баиу сты æмæ сæ иумæ рауади быдираг базырджын зарæг. Фæссихæртты цæгатырдыгæй дымгæ æрбадымдта æмæ йæ уæрæх уисойæ амарзта мигътæ. Хур æвзист цалхау фæцæйтылди урс хæхты сæрмæ. Йæ лæмæгъ тынтæ схъазыдысты быдыртыл, найгæнджыты хуыздзыд цæсгæмттыл. Хъæмпы бур рыг-иу зыгуымимæ сыстади. Габо-иу схуыфыд, йæ ныхы хид-иу йæ къухмæрзæнæй æрсæрфта. Йæ къобортыл-иу уæзданæй схъæр кодта: «Иу чы- сыл^ма бафæразут, стæй уæ хизынмæ ауадздзынæн». Йæ дыууиссæдз азы йæхи фесты Габойæн. Ныллæджытæ арæзт, ставдуæнг, фæтæнуæхск. Мадзура. Йæ сау сæрыхъуынтæ ранæй-рæтты фæхалас сты, йæ къуыбыр рихиты урсытæ фæзынд. Йæ тымбыл цæсгомыл аив фидыдта йæ раст фындз. Йæ хъоппæг цæстыты иудадзыг сыгъди зынг. Фæлмæн — йæ дзыхы дзырд, æмбаргæ — йæ ныхас. Габо зыдта йæ маст нын- ныхъуырын, фæлæ йæ цин æмбæхсын йæ бон нæ уыд: уый бæрæг дардта йæ цæстæнгасыл... Хæсты размæ Терчыхъæуæй Габо йæ усы хомæ Дзæуджы- хъæумæ арасти. Картоф æмæ йын кæрчытæ ахаста. Сахармæ фæндаг Терчы сæрты ауыгъд хидыл цыд. Уалдзыгон изæр. Хур хæхты фæстæ æрæмбæхсти, фæлæ ма йæ сырх тынтæ æрттывтой Сæнайы æмæ Джимарайы урс тен- катыл. Стæй ахуыссыдысты. I Æртальшг. Габо сæхимæ къуымæлдзæфæй здæхти. Хидмæ æрхæццæ. Йæ хъустыл ауад кæйдæрты хъуырдухæн æмæ æнуд кæл-кæл. Хиды бæстастæу иуцъус алæууыд, йæ цæст æдзынæг 8
ахаста фæйнæрдæм. Никæй суыдта, ницы суыдта. Хъæлæба фæсабыр и. Кæд Терчы уылæнты хъæрмæ ницыуал хъусын,— йæ мид- зæрдæйы загъта Габо. — Æви кæд «зынгыл» фæлæууыдтæн æмæ уымæн нал уынын дзæбæх, уымæн нал хъусын дзæбæх... Æмæ хидæй фæфале. Чысыл дæлдæр куы ныууад, уæд йæ размæ æртæ лæппуйы къанауæй сгæппытæ кодтой. Габо бам- бæрста, йæ уавæр сæ хæрзтæй кæй нæу, уый. Айразмæ ма фехъуыста: ацы хиды раз æхсæвыгæтты абырджытæ бадынц æмæ адæмы стигъынц. Ауылты-иу цыд æмбисæхсæвты дæр, изæрыгæтты дæр, боныгæтты дæр, фæлæ йыл дзы никуы ничи сæмбæлд. Фыдгæнджытæ йæм сæ кæрдтæ ныддардтой. Сæ иу ын былысчъилæй афтæ: — Дæ къухтыл уæлæмæ схæц, уæйыг. Æмæ дын бацамонон, Хепа кæм цæры, уый. Ха-ха-ха!.. — Дæ дзаумæттæ феппар æмæ мадард бæгънæгæй уæхимæ гъæйтт кæн, науæд... — йæ былтæ фесчъил кодта иннæ фыдгæнæг. — Де ’хцатæ нын æнæ иу суари хъуагæй авæр. Дæ цæрæнбонтæ нын бирæ уой... Ха-ха-ха!.. Габо ницы сдзырдта... — Цы боны хорзмæ ма æнхъæлмæ кæсыс, сæрхъæн? — фæтъæлланг ыл ласта æртыккаг.— Æви нын ам æндæр ницы куыст ис. Рæвдздæр! Габойæн йæ нозт æмбойны фæцыдæр, йæ сæрыхъуыи арц нæ абадт, тæссæй нæ барызти гæды бæласау. Фыдгæнджытæй алкæй дæр сæрæй къæхты бынмæ йæ цæстæй абарста. Чи дзы — йæхицæй бæрзонддæр, чи та дзы — йæхицæй ныллæгдæр. Чи дзы — бæзæрхыгдæр, чи та — тæнтъихæгдæр. Иу хатт ма сыл йæ цæст ахаста æмæ йæ къухтыл сындæггай схæцыд æмæ фидарæй загъта: — Лæгдæр уæ чи у, уый мæм хæстæгдæр æрбацæуæд æмæ мын мæ дзыпмæ нывналæд, мæ дарæс мын раласæд. Иуварсæй Габойы хъустæ хъæрзын ацахстой. Йæ маст тынгдæр йæ риуы сфæйлыдта, ссыди йæ дæндæгты къæс-къæс: «Кæйдæр ма бастыгътой. Ацы джиауыртæн цæсгом нæй. Æгæр суагътой сæ рохтæ, æгæр сын æнтысы фыдракæндтæ кæнын... Цыдæр зонгæ адæймаджы хъæрзыны хуызæн мæм фæкаст. Чи уа?.. Мæ худинаг, кæнæ ме сæфт. Уыдон, кæнæ æз. Фæстæмæ иу къахдзæф дæр нæ...» Иæ астæу сраст кодта Габо, æгасæй цæстытæ æмæ хъустæ, тыхы къуыбылой фестади. Ныр сыл йæхæдæг фæхъæр кодта: — Æз цæттæ дæн, уæ куыст кæнут! 9
Æввахсдæр æм чи лæууыд, ууыл æваст йæхи цæргæсау ныц цавта. Йæ цонг ын ацахста, сзылдта йын æй, йæ кард ын стыд та. Фыдгæнæг фыррыстæй ныууынæргъыдта: — Æллах, мæ цонг!.. Цæвут æй! 0, мæ цонг, мæ зæрд фескъуыйы... Иннæ фыдгæнджыты тас бацыди, сæ домбай «фæтæджы» уыциу лæбурдæй цонгæлвæст чи фæкодта, уый мах хуызæ* æдыхты уæнгсæстытæ фæкæндзæни, зæгъгæ. Фæлæ та сæ са «фæтæг» ацардыдта. Æмæ фæныфсджындæр сты. Сæ кæрдть фистонтыл фидар æрхæцыдысты. Систой дуртæ. Чъылдымыр- дыгæй æмæ йæм фæстæрдыгæй сæхи куыйтау æппæрстой. Иу дзы Габойыл дур бахста. Габо фæгуыбыр и. Дур йæ сæрты атахт. Уыцы уысм æй дыккаг фыдгæнæг фæстæрдыгæй кардæй æрцавта. Бæргæ ма хъавыд йæхи фæсайынмæ, фæлæ кард йæ цонджы фæлмæны нынныхсти. Судзгæ фестъæлфыди Габо, ау, ацы æлгъаг бирæгътæн мæ сæр хæрын бауадздзынæн, æмæ уæд стыр Терчыхъæуæн фи- диссагæн, æлгъыстæн нæ баззайдзынæн, зæгъгæ. Йæ рыст ницæмæ æрдардта. Ацахста йæ барæхойæджы. Хæрдмæ йæ фелвæста, зæххыл æй нытътъæпп ласта. — Амардта мæ терчыхъæуккаг куыдз,— нырдиаг кодта уый. «Æртæйæ кæмæн ницы сарæзтам, уымæн æз иунæгæй цы бакæндзынæн, фæлтау мæ сæр бафснайон, ме’мбæлттæ уæддæр лæгтæн нал сбæздзысты»,— ахæм хъуыдытимæ æртыккаг фыдгæнæг лидзынмæ фæци. — Кæмæн нæ уадзыс, тæппуд æлгъаг? Багъæц! — хиды кæрон æй æрбаййæфтой йæ хæлæртты æртхъирæнтæ. Фæлæ уый фæстæмæ кæсгæ дæр нал фæкодта. Габойæн йæ цонджы дыс тугæй байдзаг. Йæ мидæггаг ч хæдонæй гæбаз раскъуыдта, йæ цæф дзы бабаста. Йæхæдæг фыдгæнджытæм баздæхти: — Ныр та сымах раласут уæ дарæс, гуыппырсартæ. Афтæмæй цæугæут уæ бинонтæм. Цæвæджы хъæдтæ аныхъуырдтат. Æз кæмæ дзурын?!. Йæ хъустыл ногæй ауади хъæрзын: — Мæ хъуджы мын байстой, мæ урсных хъуджы. Дæ хорзæхæй, байс мын æй. Дæ хорзæхæй! , Уый Саулæджы хъæлæс уыди, Габойы хъæуккаджы хъæлæс. Бауадис æм къанаумæ. Саулæджы къухтæ æмæ къæхтæ- бæндæнæй баст. Нæдæр ын æдæрсгæ сыстæн уыди, нæдæр ын æдæрсгæ фезмæлæн уыди. Ныддæлгом ис хуыртыл. Ардæм хъуыста, йæ фарсмæ цытæ цыд, уыдон. Йæ хъæуккаджы йæ 10
ныхасæй базыдта. Йæ риуы ферттывта ныфсы хуры тын. Æмæ йæм барджынæй уымæн бадзырдта йæ хъуджы тыххæй. уЕз ам хæстæджыты хъуджы куы никуы уынын,— Сау- лæджы бæстытæ райхæлдта Габо, — уæд кæй кой кæныс? Дæ сæрызонд фæцыди? — Мæ сæрызонд дæр нæ фæцыди æмæ дæ сæрызонд дæр.— Саулæг— бæрзондгомау, къæсхуыртæ лæппулæг,— Габойы æрбакодта йæ хъæбысы.— Бузныг, мæ хæрзгæнæг. Фæлæ цы фæци мæ хъуг?.. Саулæг ын йæ цæф цонг æнæбары æрбалхъывта, æмæ Габо ныккæрзыдта. — Бахатыр кæн, нæ дын æй бафиппайдтон. Цы фесты уыцы джиауыртæ? Ма фæлидзæнт. — Уæртæ кæрæдзи фарсмæ бадынц. Лидзынтыл нал сты. Сæ цурмæ бацыдысты. Габо сын æрдæбоны ныхас æрымысыд: — Иу ныхас уын цал хатты дзурын хъæуы? Æви мæ нæ фехъуыстат? Фыдгæнджытæ дзы хатыртæ куырдтой, фæлæ сын ком куы нæ радта, уæд сæ дарæс ласынмæ фесты. — Æгъгъæд, æдзæсгæмттæ! — сæ дарæс ласын сын нал бау- агъта.— Уæ бакаст бакасты хуызæн. Уæ конд — конды хуы- зæн. Лæджы худтæ дарут, афтæмæй та... Ам уæ куы ныммарæм æмæ уæ Терчы куы баппарæм, уæд уын афтæ нæ хъæуы? Æмæ уæхиуыл куы нæ ’рхудат, уæд искæд бон уæхион ссардзыстут. Мæнæ ацы лæджы хъуг цы фæци? — Мах æй нæ федтам,— æмхуызонæй загътой хуыс- нæджытæ. — Уæдæ уыл даутæ мысы? — Габо дызæрдыггæнгæ бакасти Саулæгмæ. — Раст мæ нæ бамбæрстай. Æз абон мæ хъуджы горæты ауæй кодтон. Мæ зонгæ цырыхъхуыйæг грекъагмæ афæстиат дæн. Фæйнæ дæр дзы анызтам. Мæ цырыхъхъытæ газеты тыхтæй мæ дæларм акодтон æмæ хидæй нæхирдæм изæрæй куы ра- хызтæн, уæд мыл адон хæрхæмбæлд фесты. Æртæйæн иу лæг цы у? Бирæгъы раз — уæрыкк. Къанаумæ мæ нылластой. Ме ’хца æмæ мын мæ цырыхъхъытæ байстой. Цырыхъхъыты мæт мæ бæргæ нал ис, фæлæ мæ хъуджы аргъ... Саулæг сæм хæстæгдæр бацыд, йæ цæст сыл ахаста. Йæ цонгыл чи хæцыд, уымæ ацамыдта: — Мæнæ уый!.. Уый мæ бастыгъта. — Радтут ын йæ фæллой! — Габо сæм хæстæгдæр басанчъ- ех кодта. — Хуыздæр уын уыдзæни. 11
Цонгæлвæст лæппу æвæндонæй йæ къандзолы мидæггаг дзыпмæ нывнæлдта, æхцайы тыхтон дзы систа, бадаргъ сæм æй кодта. Саулæг æм фæлæбурдта; Мæ цырыхъхъытæ та кæм сты? Æриут мын уыдон дæр! Фыдгæнджытæ кæрæдзимæ бакастысты, стæй сæ иу афтæ: — Не ’мбал сæ йемæ ахаста. Сомбон дын сæ... — Нæ, æз уæ афтæмæй нæ ауадздзынæн! — æркаст Саулæг фыдгæнджыты дарæсмæ. Кæд талынджы дзæбæх не ’взæрста, уæддæр æмбæрста, ахæм стигъджытыл цауд къахыдарæс æмæ дзаума кæй нæ уыдзæн, уый. Æмæ сын хъæддыхæй загъта: — Уæ туфлитæ æмæ къандзолтæ раласут! — Ныхъхъуытты сæ уадз,— загъта Габо.— Куыдзы куыдзæй ничи фæзмы. — Куыдзы дзыхæй стæг... Фыдгæнджытæ та кæрæдзимæ бакастысты. Бæргæ сыл сæхи андзариккой ацы худинаджы бæсты, фæлæ Габойы къухы уæз банкъардтой æмæ Саулæджы домæн сæххæст кодтой. Саулæг дыууæ уынджы уæлдæр царди Габойæ, æмæ уыдо- ны дуармæ куы’рбахæццæ сты, ныхасгæнгæ, уæд Саулæг æрур- æдта Габойы, æрхатыд æм: — Æнафон у, ноджы цæф дæ. Фæлæ дын кæд гæнæн ис — фысым нæм бакæн. Фæйнæ сыкъайы баназæм. Дæ хорзæхæй, ма фæзивæг кæн. Æхсызгон мын уыдзæн демæ абадын. Уæдæ куыд вæййы?.. Габо не сразы... Габо райгуырди Терчыхъæуы. Терчыхъæуы райгуырди Сау- лæг дæр. Æрыгæттæй бахæлæрттæ сты. Саулæг арæх æппæлы- ди Габойæ. Фæлæ-иу йæ ныхæстæ Габойæн хъыг уыдысты, йæ хъусты иувæрсты-иу сæ ауагъта. Фæлæ дзы уæлдай тынгдæр æппæлын райдыдта, Габо йæ абырджытæй куы фервæзын код- та, уæдæй фæстæмæ... Сæрдыгон-иу сæхи надтой Терчы. Иу бон та сын бацайдагъ доны бынты фаллаг фарсмæ ба- ленк кæныныл ерыс. Саулæджы фæндонæй. Габо йын фыццаг нæ разы кодта, нæхи дуртыл цы къуырдтытæ кæнæм, зæгъгæ, стæй фæтасыд: — Саулæг, æрмæст дæхи хъахъхъæн. — Ма мын тæрс. Габо, не ’нæзонгæ Терк у! Æмæ доны смидæг. Ивылд Терчы сæрбынты чи аленк код- 12
та, уый йæ зоны, куыд тæссаг вæййы дуртыл хи скъуырынæй, хи ныццæвынæй. Саулæгæн дур дурмæ йæ зæнг алхъывта. Иæ дзых фæхæлиу, айдзаг и лакъон донæй, фæхуыдуг. Габо сæрбынты баленк кодта иннæ былгæронмæ æмæ хуы- рыл бадти. — Куыд æрæгмæ зыны? Мацы йыл æрцæуæд! — старсти Габо. Фестад йæ бынатæй æмæ алырдæмты ахъахъхъæдта. Никуы æмæ ницы. Къардиуыл дæлæмæ азгъордта. Уылæнты ’хсæнæй фæзынд адæймаг... — Уый у! Габо йæм йæхи баппæрста, атындзыдта йæ фæдыл. Саулæг- иу куы фæдæлдон, куы та-иу фæуæлдон. Баййæфта йæ æмæ йæ йæ хъæбысы былмæ рахаста. Авджы састыл ныллæууыд, йæ къахы туг фемæхсти. Фæлæ уыцы сахат йæхиуыл нæ уыди. Дон- дæнгæл у дон, лæмарын æй хъæуы... Саулæгæн уæдæй фæстæмæ Габо ссис йæ уарзон адæймаг, йæ уарзон хæлар. Фæлæ цардмæ йæхи фæтк, йæхи æгъдæуттæ ис. Уый цæхгæр аивы адæймаджы удыхъæд. Æмæ рæстæг куыд цыд, афтæ ивта Саулæджы зæрдæйы ахаст дæр. Фæхиуарзон. Йæ уæлныхты йæ хæлæгдзинады сау æнкъарæн систа. Йæ раздæры æппæлой æмæ сæрыстыр ныхæстæй йæм ницыуал аззад. Йæ хæлармæ цæмæн фæхæрам, уый арф нымбæхста йæ риуы талынг къуымы. Йæ фыдæхы кард цыргьæй дардта Саулæг. Æмæ ма ’рмæст агуырдта йæ хæлары æууæнкджын зæрдæ фæрæхойыны фадат... Хурæй ма бæндæны бæрц уыд, афтæ найгæнæн йæ уын- æргъынæй, йæ кусынæй банцади. Цыма адæймаджы хъусты къæрмæджытæ рахаудтой, уыйау фегом сты, ныр ныхас ахс- той. Найгæнджытæ сæ фæллад чысыл суагътой, стæй мæнæу мусмæ аластой æмæ сæ хæдзæрттæм аивгъуыдтой. Габо йæ галты суагъта. Сæ уымæл буар сын хъæмпæй ас- æрфта. Фæззыгон таумæ сæ хизынмæ аскъæрдта. Стæй йæхи уæлгоммæ ауагъта найгæнæны дæлбазыр хъæмпыл. Йæ цæстæнгас арвмæ сарæзта. Тарбын мигътæ дзы дыууæрдæм лæгæрстой, аныхъуырдтой ныгуылæг хуры цæст. Æртæфстис ыл йæ фæллад. Зæхх æй йæхимæ æлвæста. Йæ армыдзаг зæххæй зыгуым систа, афу йыл кодта. Йæ армыл аззад цалдæр мæнæуы гагайы. 13
— Хор æвгъау у дзæгъæлы сæфынæн, зыгуымимæ нымби йынæн,— рабадти Габо.— Цæй, æмæ дзы мæхицæн ныссыгъдæ кæнон, цалынмæ галтæ хизой, уæдмæ. Хур аныгуылди. Габо уырзæй æвзарæгау февзæрста мæнæу, Иу сасиры дзаг æм сæмбырд. Йæ зæронд хызынгонды йæ баф- снайдта. Уæрдоны гуыффæйы хъæмп ныккалдта. Галты сиф- тыгъта. Æмæ хъæмæ фæрасти. Табо зыгуым дымгæмæ куы дардта, уыцы рæстæг æй зæхгæсты хистæр Саулæг та аивæй хъæмпы рагъы фæстейæ хъахъхъæдта. — Ныр мæ къухты дæ,— сцин кодта Саулæг. Йæ сау бæхы æрцавта Саулæг. Фæсвæдты ныххæццæ, бы- дырæй хъæумæ фæндаг кæм фæсаджил, уырдæм. Бæхы йæ раз- заг рахиз къахмæ йæ дзылары босæй бабаста æмæ йæ къанауы былтыл хизынмæ ауагъта. Йæхæдæг саубырынкъ цæргæсау къуыппыл æрбадти. Габойырдæм йæ цъæх цæстытæ ныццавта. Фæллад галтæ сæ фæдыл уæззаугай ластой уæрдон. Габо зæрдæйæн æхсызгон хъуыдыты ацыд: «Кæдæй нал фесты мæ бинонтæ дзулы хъæстæ. Хъæбæр нартхоры кæрдзынæй сфæлмæцыдысты. Уый дæр ма сын фаг куы уаид... Мæнæу æрыс- дзынæн æрмгуыройæ. Æфсин дзы тæнæг чъиритæ скæндзæни. Ахсæв нæ бинонтæн хъуамæ бæрæгбон уа». Фæлæ йын йæ адджын сæнтты хал фескъуыдта Саулæджы бæзджын хъæлæс: — Æруром-ма, мæ рагон хæлар, дæ галты! — Цы уроминаг фесты? — Уый бæрæг уыдзæн... Æз цы куысты лæуд дæн, уый дæ куыд тагъд æрбайрох? Æв# нал зоныс, мæ хæс адæмы, паддза- хады исбон, фæллой хъахъхъæнын кæй у, уый. Хицауад мыл æууæнды æмæ сын се стыр æууæнк цъыфы нæ сæвдулдзынæн. Мæ хæрз мады зæнæг аххосджын куы уа, уæддæр ыл нæ баца- уæрддзынæн. — Цы дæ хъæуы мæнæй? — Уæрдонæй рахиз! Фенон, цы ис хъæмпы бын, уый. — Ауадз мæ мæ фæндагыл. — Кæд сусæгæй ницы ласыс, уæд цæуыл цæхæртæ калыс, цæуыл стæвд дæ? Ацы хуырым адæймагимæ лæгьз æвзагæй дзурæн нæ уыди. Габо Саулæджы йæ быны ракæнид, йæ бæрзæй йын сыздухид, ф&лæ уæд хъуыддаг æвзæрдæр рауайдзæни. Загьтаид ын: «Мæ хорз хæлар, мæнæй куы æппæлыдтæ иудадзыг, уæд дыл ныр цы сæмбæлд? Æвк æндæр Саулæг дæ?.. Уæвгæ, дæ ном — дæ уæлæ. 14
Цы бадомдæуа дæуæй? Ау, де ’хца дын куы байстон фыд- гæнджытæй. Терчы знæт уылæнтæй дæ чи байста? Абон кæй фæрцы цæрыс?.. Дæ зæрдыл куыд нал лæууынц?.. Зонын æй, ныртæккæ иу æфсиры тыххæй дæр лæгæн карз тæрхон кæнынц... Нырма рæстæг уæззау у. Хæсты стыр хъæдгæмттæ нæма байгас сты. Æмæ хал халæн æххуыс у. Фæлæ адæмы абырста мæгуыр- дзинад. Цы акæнон? Æз аххосджын дæн. Бахатыр мын кæн...» Загътаид ын афтæ. О, фæлæ уæд йæхи йæ разы ныллæг кодта, уæд йæхимæ æрдуйæ уæлдай нал кастаид. Æгаддзинад сæрмæ хæссинаг нæу. Габо баурæдта, хъæмпы бынæй райста хызын. Баппæрста йæ Саулæджы къæхты бынмæ: — Гъа, кæд дæм лæджы æфсарм нал ис, уæд. — Æз æй бафиппайдтон, ды афтидæй кæй нæ цæуыс, уый. Ма мæм смæсты у, мæ куыст ахæм у. Кæд хæлæрттæ стæм, уæддæр æз æхсæнады хъуыддæгтæ хи хъуыддæгтæй уæлдæр æвæрын. Ды та давæг дæ, æхсæны мулк давæг!.. Цыма исчи Габойыл фыцгæ дон бакалдта, уыйау йæ цæсгоод фырмæстæй сырх-сырхид афæлдæхти: — Давæг дæн, загътай? — 0, давæг,— йæ ныхас фæкарздæр кодта Саулæг.— Давæг!.. — Ацы мæнæуы нæмгуытæ иугай-дыгай зыгуымы кæй фев- зæрстон, уый нæ зоныс? — Нæ зонын! Æз зонын, мæнæу кæй ласыс, уый. — Раст нæ дæ! — Раст нæ чи у, уый хицауад равзардзæни.. Ныр та æнæ уæлдай ныхасæй мæ разæй... — Ау, ирон нал дæ, тугтæ мыл куыд мысыс? — Дæ хызын сис æмæ афтæмæй цæугæ. Уадз æмæ адæм феной сæ фæллой давæджы. Габо æнхъæл уыд, йæ рæстдзинад ын бамбардзысты, хæсты цы сгуыхтдзинад равдыста, уый йыл кæд къæм абадын нæ бау- адзид. Æмæ ахæм ныфсимæ араст æд галтæ. Саулæджы разæй. Фыццаг правленимæ, стæй та — районмæ. Фæлæ йæ йæ ныфс- джын хъуыды фæсайдта. Мæнæуы дзæкъул æм кæй ссардтой, уымæ гæсгæ йæ паддзахады раз азымджыныл банымадтой æмæ йæ ахастой... ( Габо ма йæ бинонтæн ныфсытæ æвæрдта: — Тыхсгæ ма кæнут! Фидар фæлæуу, Хани. Лæппумæ дæ хъус тынгдæр фæдар. Æз та уæм иу бон зындзынæн. Рæстдзи- надæн сыджыты бын дæр сæфæн нæй. Мæ рæстдзинад дæр райсом рабæрæг уыдзæн. 15
Æмæ ныттыхсти йæ бинойнагыл æмæ йæ гыццыл Гагийыл. Усы цæссыгтæ æрызгъæлдысты. Сæ хъæбул сæм касти, æмæ йæ рæзгæ зæрдæ сдзæгъæл и. Кæд хъуыддаг рæстмæ не ’мбæрста, уæддæр Габойыл цыдæр бæллæх кæй сæмбæлд, уый йæ чысыл зондæй фиппайдта æмæ уый дæр нынкъард. Æгас Терчыхъæуы иу адæймагæн дæр æхсызгон нæ уыди Габойы æнæнхъæлæджы æрцахст. Саулæг æмæ Суфрæтæй фæстæмæ. 2. Сæумæцъыккæй Суфрæт йæ уаты рудзынг байгом кодта. Йæ сæр æддæмæ радардта æмæ йæ рæуджыты дзаг парахатæй сулæфыди фæззыгон уæлдæф. Йæ уæнгтæ фæрог сты. Фæстæмæ йæхи уæлгоммæ сынтæгыл аппæрста, йæ цъæх цæстытæ цары ныссагъта. Исдуг афтæмæй ахуыссыди, стæй рабадт. Йæ ком ивазгæйæ, хъæлдзæгæй загъта: — Фæстаг азты дысоны хуызæн адджынæн никуыуал бафынæй кодтон. Рæсугъд фынтæ уыдтон. Мæхи сæ кæддæрау рæвдыдтон. Афтæ хъæуы уыцы æррайæн. Йæ мæтæй мыдадзын цырагъау сыгътæн æмæ тадтæн. Æз, Га- бомæ бæлгæйæ, мæ хъиутæ хордтон. Мигъ мæ цæстыты бадт. Уый та-иу мæ рæзты, мидбылхудгæ, фæрасти. Са- лам радтынæй уæлдай мæм йæ дзыхæй иу уарзон ныхас уæд та куы схаудтаид. Фæлæ абабау... Кæлæнгæнæджы худт-иу мæм фæкодта, æмæ-иу мæ уæнгтæ адон сты. Æз дзы уарзондзинад домдтон, уый та мын мæ судзгæ æнкъар- æнтыл ихджын дон калдта. Мæнæй цæмæй хуыздæр у йæ Хани? Æппындæр ницæмæй! Уæдæ мæнæй рæсугъддæр нæу. Фæлæ амæндтæуарæг дæлæмæ æрхауа, кæмæн æмбæлы, уымæн æй нæ дæтты. Габо хорзæй цы ссардта Ханимæ, нæ’зонын, Уæддæр уый æрхаста — дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр нартхоры æвзартæ къæпийæ рувын æмæ æхсырфæй мæнæу кæрдынæй уæлдай ницæмæ арæхсы. Мæнау хъаз- ты фидауц, мыййаг, куы нæ у. Фæндырæй аив, мыййаг, мæнау куы не ’рцæгъддзæни.— Суфрæт йæхиимæ ныхас кодта дарддæр.— Мæ бон дзы базыдтон. Æмæ æз — хъаз- ты чызг — мæ курджытæй æнæ хай фæдæн. Мæ фыды уæларт мæ сау даргъ дзыккуты урсытæ фæзынди. Габойы чындзæхсæв куы уыд, уæд фырхæлæгæй мæ зонд раст дзæгъæлтæ кæнын райдыдта. Уалынджы мæ риуы иу ныфсы тæпп фæзынди: Ханийæн зæнæг нæ раитыст. Æнхъæлдтон, 16
1хæм ус кæй хъæуы æмæ йæ йæ цæгатмæ арвитдзысты. рæлæ æнæнхъæлæджы Хани Габойæн балæвар кодта фы- рыхъулы хуызæн лæппу. Уалынмæ хæст дæр ныггыбар- [ыбур ласта. Фыццаг бонты Габо ацыди тохы быдырмæ. кЕмæ та мын цыдæр цин мæ риуы къæй бахоста: знаг кæд Ьæстдзæвин разынид, æмæ Габо кæд йæ хæдзарыл нал ^æмбæлид, Хани та идæдзæй йæ рустæ кæд хæрдмæ то- тад. Уымæ сын куывтон Хуыцаумæ. Æрмæст æм^мæ куывд ггæ фæхæццæ. Габо хæсты цæхæрæй раздæхт. Йæ фæтæн риуыл хæрзиуджытæ æрттывтой. Мæнæн та мæ бæллиц- гыл къæдзæх ныффæлдæхт. 0, мæгуыр мæ боы. 0, мæгу- лр ’мæ уд. Фæлæ ацы хатт кæд рæствæндаг нæ фæуид. Æртæ азы дзы куы ныххафа. Уым ын, мыййаг, дзыкка æмæ уæлибæхтæ нæ хæрын кæндзысты. Анцайын, ахæцын, а,ам, дзы хъæудзæн. Уадз уый ма уæд а дунейыл! Уадз уъш ма цæуæд а зæххыл! Уадз уый ма уæд Ханийæн дæр, мæнæн дæр! Уæд мын æнцондæр уыдзæн. Уæд донæй дæр нард кæндзынæн. 0 Хани, ныр ахæм амондджын нал уы- а,зынæ. 0 Хани, ныр ды мæ рæзты афтæ зæрдæрухсæй нал æруайдзынæ. Дæ лæппынимæ хъизæмæрттæ æвзардзынæ. Уый дын зæгъы мæ цæст, уый дын фендзæни мæ цæст... Чи зоны, Суфрæт ма йæхицæн цас фæдзырдтаид, сæ брига- диры хъæлæс ын йæ налат хъуыдыты хал куы нæ фескъуыдта- ид, уæд: — Ам дæ, цы, Суфрæт? — Ам дæн, уæдæ кæм хъуамæ уон, Сасинкъа? — Суфрæт йæ сæр рудзынгæй æддæмæ радардта. Бригадир æй куы ауыдта, уæд ыл дис бафтыд: «Ау, фæстаг рæстæджыты афтæ хъæлдзæг куы никуыуал уыди, цы хорз ыл æрцыд æви къæссафæлдæхт фæци». Æргомæй та: — Дæ кадджын фыдыстæн, цæуыл райыс? Мыййаг, чындзы ма цæуай. — Раст æй бахахх кодтай, нæ бригадир. Рæхджы бон мыл дæ цæст нал æрхæцдзæни. Сыхаг хъæуы лæппуты сæрæндæрмæ дын куы ачындз уон. — Сыхаг хъæуæй нæ, стыр Уæрæсейæ дæм куыннæ ным- минæвар кæндзысты! Дæ-дæ-дæй, ды кæй къæсæрæй бадарай дæ къоппа, уыцы хæдзар дæр та хæрзаг ма зæгъа, мах дæр чындзы хуызæн чындз æрхастам, зæгъгæ. Фæлæ уал цалынмæ мои кæнай, уæдмæ уал райс дæ чыргъæд æмæ нартхор тонынмæ. Суфрæт йæ фæстæ бахъуыр-хъуыр кодта: Ничи кæсы амæ дæр? Дæлæмæдзыд!.. 2 Махдуг№ 1, 1999 -( ~7
Саулæг та æппын зæххыл нал хæцыд. Йæ сау бæхыл саргъ бавæрдта æмæ бон-изæрмæ быдырты фæзылдис йæ зæрдæйы дзæбæхæн. Цыма Æрджынарæгæй знаджы фæсырдта, уыйау йæхицæй ныхъхъал. Йæ цæстытыл-иу ауади, Габойы йæ разæй куыд тардта, уый. — Афтæ йын хъæуы,— Саулæг дæр Суфрæтау йæхиимæ ныхæстыл фæцис.— Цæмæн хоны йæхи мæнæй лæгдæр, стæй йын цæмæн кодтой адæм дæр мæнæй фылдæр кад? Хуымгæнæг. Æндæр ма исты у? Мур дæр ницы! Афтæмæй та урсзачье хистæртæ — куывды уа, чындзхасты уа — фыццаг цыты ну- азæн уымæн лæвæрдтой. Ныр-иу ын дæттæнт сæ нуазæнтæ. Хорз кад сын скодта! Давæджы ном ыл дзæбæх сбадти. Хицау- ад мæныл баууæндыдысты, сæ цæсты фæкадджындæр дæн. Ныр мæ рагон монцты рохтæ суадздзынæн. Хани ма мын кæдæм аирвæздзæни! Мæ армы дзыхъхъы нæй? Уæдæ кæм ис! Хæзгул дзы скæндзынæн. Адæймаг дыууæ хатты нæ гуыры, дыууæ хат- ты нæ цæры, Ханийы бирæ уарзтон. Ныр дæр æй уарзын. Фæлæ йын никуы ныббардзынæн, мæ минæвæртты мын лæгæвзæрстæй æнæ разыйы дзуаппæй фæстæмæ кæй раздæхта, уый. Никуы йын ныббардзынæн, иу хатт мын хъазты адæмы æхсæн афтæ куы загъта, ды дæ цæстмæ лæг, хуыскъастæу, мæ фæдыл мæ аууонау мауал зил, зæгъгæ, уый дæр. Æмæ Габоимæ симынтæ систа. Ау, уый та куыд? Хæхты мæ фыдмæ æххуырстæй чи куыста, йæ фос ын чи хызта, уымæн йæ фырт, æз цы чызгыл дзурын, уыимæ сима?!. Нæ, уымæн уæвæн нæй! Нæй, нæй!.. Саулæг бæхы йæхи бар ауагъта æмæ сындæг цыдæй цыди Терчыхъæуырдæм. Айфыццаг Габойы кæм æрцахста, уырдæм схæццæ. Бæхæн йæ дзыхæй йæ къæбæлтæ рафтыдта, йæ рагъ ын æрцавта. Нычъчъыллиппытæ кодта бæх æмæ хизын райдыд- та къанауы былтыл. Саулæг мусонджы дуаргæрон æрбадт æмæ та Габо æмæ Ханимæ æртхъирæнтæгæнæгау дзырдта: — Багъæцут... Æз уæ ныр мæ мæстытæ райсдзынæн... Хани Габойы хæдзары къæсæрæй куы бахызт, уæд мæ фыццаг уый уырнгæ дæр нæ кодта. Мæ цæстытæ атартæ сты. Цыма мæ хур- ( бон арв ныццæлхъ ласта. Сæрдыгон стъалыджын æхсæвы Габо, а зæххыл æппæты фылдæр кæй уарзын, ууыл узæла, æз та мæ сынтæгыл рафт-бафт кæнон? Ахъавыдтæн кард райсынмæ, сæ ху’ыссæны сæ ныргæвдынмæ. Фæлæ хорз зонын Габойы хъару- джын къухты ахаст. Æфсондзы тæбынг дæр æртасын кæны. Уæдæй фæстæмæ мын Габо цæстысындз, дæндагниз фестади. 18
Мæхи-иу йæ разы сабыр, уæзданæй дардтон. Мæ зæрдæйы та уымæн фыдракæнды тæрхæттæ хастон. Никуы мыл фæгуырыс- хо... Хæст куы райдыдта, уæд сапон бахордтон, фæрынчын дæн æмæ мæ хæстмæ нал акодтой. Ноджы мын мæ мадыфсымæр хæрзгæнæг фæци... Знаг ардæм куы ’рбахæстæг, уæд. Уæлла- джыры комыл афардæг дæн, Ручъы æфцæгыл Дзаумæ ных- хызтæн. Уым мæ фыдыхомæ цыппар азы фембæхстæн. Йæ зонгæ дохтырæн бафыста æмæ мын мæнг гæххæттытæ сарæзта, мæ рæуджытæ сахъат кæй сты, уый тыххæй. Йæ цæрæнбонтæ мын бирæ уæнт, абон дæр уый фæрцы дæн сæрæгас, лыгъд уыдтæ зæгьæг мын нæй. Габо æмæ Ханийæ ницы хабар хъуыстон. Хæст куы банцад, уæд Терчыхъæумæ æрцыдтæн. Бауадтæн Габотæм. Уый йæ усимæ лæууыди сæ кулдуары раз. Йæ ауынгæйæ мын цыма исчи дзæккорæй мæ бæрзæй ныххафт ласта, уый хуызæн фæдæн. Дæлдæр ныххауæд, дæу цы знаг нæ ныммардта. Мæ маст нæ равдыстон, тыххæй-фыдæй йæ нынныхъуырдтон. Гæды цинтæ Габойыл акодтон. Хани мын мæ сусæг мастыл цæхх ай- зæрста. Нæ размæ хъæлдзæгæй рауад æмæ мын загъта, барæй æви зæрдæхæлары охыл — нæ бамбæрстон: — Габо, Саулæг дæр ам нæ уыди, фæрынчын æмæ Хус- сармæ фæззыгон тæссаг хæхтыл ахызт. Уæ дыууæ дæр бæлццæттæ стут æмæ уæ хæдзæрттыл æвыдæй кæй сæмбæлдыс- тут, уый тыххæй мидæмæ рахизут æмæ фæйнæ бануазут... — Бузныг, Хани, дæ уæздандзинадæй, стыр бузныг! — за- гътон ын æз. Ханийæ мæ куыдзы бон куы базыдтон, уæд нæ хъæуы куыройгæсы чызг Катяйы ракуырдтон. Рæсугъд цæстытæ йын, гуырвидауц, фæлмæн — йæ ныхас. Йæ сæр ын сæтт — фæстæмæ сдзурын дæм нæ бауæнддзæн. Æрмæст уаты тъиздзæн æмæ тъиздзæн. Фæлæ мын уæддæр Ханийы ад нæ кæны. Гъей, Хани, цард галы мард у, галы мард! Чи йæм куыд æххæссы, афтæ дзы дзаджджын хæйттæ скъæфы. Æз дæр дзы мæ хай раскъæфдзынæн! Уый уыдзæн дæ рæвдыд. Дæ лæгæй мæм ма æртхъирæнтæ кæнай! Нæ, ныр мын уымæй тæссаг нал у. Сы- быр дард у... 3. Габо йе ’фсæддон худы хъустæ дæлæмæ æруагъта. Йæ дæрдджын цинелы æфцæгготыл уæлдæр схæцыд, йæ фæдджи- тæй йæ уæрджытæ æрæмбæрзта, йæ фæндаггон хызын йæ сæры бын бакодта, афтæмæй батымбыл лыстæныл фосласæн вагоны къуымы. Нæдæр æм дзурын цыди, нæдæр æй хуыссæг ахста. 19
Йæ цуры ахстытæ бадтысты, ныхæстæ кодтой. Тамакойы фæздæг сæ сæрмæ мигъау сыстади. Арыдта хъæлæс. Габо-иу схуыфыди. Хæстæй куы ссыд, уæдæй абоны онг йæ былтæм тамако нал схаста. Йæ мидбынаты рабадт. Йæ фарсмæ цы лæг уыд, уымæ æфсæрмдзæстæй бахатыди: — Бахатыр кæн, æфсымæр. Дæ тамакойæ дын æз дæр куы бадымин. — Табуафси,— æнæзонгæ лæг йæ бæмбæджджын хæлафы дзыппæй дзæкъулгонд систа. Цыппæрдигъон тыхт газетæй раскъуыдта æмæ йæ Габомæ радта, махоркæ йыл æркодта, зынг ыл бафтыдта. Габо карз тамакойæ цалдæр улæфты фæд-фæдыл скодта æмæ фырхуыфтæй йæ цæссыгтæ æрызгъæлдысты. — Æвæццæгæн, хæлар, никуы бадымдтай? — Дымгæ нæ, æууилгæ дæр ма йæ кодтон хæсты ’быдыры, уæлдайдæр та-иу зын уавæры куы бахаудтæн, уæд. Фæстаг рæстæг æй ныууагътон. Мæ зæрдæ мып хъыгдардта. Ныр та мæнæ афтæ... мæ тыхстæй... ^ Поезд цыди æмæ цыди. Йæ фæндаг ныддаргъ. Æрлæууыд- иу. Æмæ та-иу арасти пыф-пыфгæнгæ. Ахстытæй алчидæр æрхæндæг мысинæгты уацары бах- аудта. «Куыд уыдзысты, цы уыдзысты мæ бинонтæ мæ фæстæ? — къæхты бынæй-иу ныуулæфыди Габо.— Ус — рынчын- тæгæнаг. Лæппу — къæсхуыртæхæссаг. Хор фаг нæй. Урссаг дæр фаг нæй. Кæд нæ фесæфиккой, сæхи доны калын нæ бауадзиккой. Сыхæгтæ мын хорз ис, сæ цæрæнбонтæ бирæ... Надийыл мæ зæрдæ тынгдæр дарын. Æфсин уыимæ æнгомдæр, æмуддæр у, хæларæй цæры. Стæй лæппумæ ный- йарæг мады цæстæй фæкæсы.,Ныййарæг мадау æй барæвдауы. Цард ахæмтæй цард у, ахæмтæй рæсугъд æмæ амондджын у. Фæлæ Саулæджы хуызæттæ!..» Габойы дæндæгты къæс-къæс ссыд: «Уый æнхъæл дзы ни- куы уыдтæн. Куыд мæ ферох и, хатт маргджын калм дидинæ- джы бын кæй стымбылтæ вæййы, уый? Мæ разы — зæд, мæ фæсвæд та... Æдзух мæ йе ’нæниздзинад фæндыд. Æдзух мæ йæ хорздзинад фæндыд. Уый та?.. Уæвгæ, æвзæр куыдз сусæгæй фæхæцы. Æвæццæгæн, царды цин æмæ маст, зарæг æмæ хъарæг, уарзт æмæ фыдæх куы нæ уаид, уæд адæймагмæ афтæ диссаг, афтæ мидисджын æмæ вазыгджын нæ кæсид. Саулæг та йæ койы аргъ дæр нæу. Кæд та нæ фесæфин, кæд та мæ хæдзарыл сæрæгасæй сæмбæлин. Уæд ын æнæмæнг йæ къух райсин, адæ- мы фæллой цæстыгагуыйау кæй хъахъхъæны, уый тыххæй. 20
Зæгъин ын: «Мæ бон дын ницы у, закъон дæ фарс у. Ничи дæ фæзылын кæндзæни. Фæлæ ма адæймаг адæймаг бирæ æндæр цæмæйдæрты вæййы...» Æмбисæхсæвæй аивгъуыдта рæстæг. Арвыл тæнæг фæлурс мигъты чъылдымæй гæзæмæ æрттывд кодтой иугай стъалытæ. Дымгæ кæмдæр ныффынæй. Поезды уасын, йæ цæлхыты къупп- къупп хæлдтой æдзæм æрдзы сабырдзинад. Чысыл станцæ. Ахстытæ рахызтысты вагонæй. Сæ размæ æрбатылди пæлæзæй æхгæд машинæ. Хъахъхъæнджытæ сæ сба- дын кодтой гуыффæйы. Машинæ фенкъуысти. — Цымæ ма нæ бирæ хъæуы бынатмæ? — Габо бафарста, гуыффæйы кæрон æд топп цы хъахъхъæнæг бадт, уый. — Нæ цæстытæ куы ныуурс сты. Нæ астæутæ æмæ нæ къæхтæ куы нындзыг сты. — Тыхсгæ ма кæн! Æгæр дæр ма ныттынг уыдзысты уæ астæуты æмæ уæ къæхты нуæрттæ. Рæхджы сæмбæлдзыстут уæ бæркадкъух æмæ рæдау фысымтыл, — æлхыскъ дзуапп радта уый. Габо йæ цæстытæ иннæрдæм азылдта. Боныцъæхтыл машинæ æрбахæццæ лагерьмæ. Уый æрæнцад хъæды астæу егъау тъæпæны. Йæ алывæрсты — сындзтелтæй бæрзонд бырутæ. Фæтæн, æфсæйнагæй дуар ын. Хъахъхъæд- той йæ дыууæ салдаты. Быруты рæбынты — немыцаг куыйтæ рæхыстæй баст. Сæ зынг цæстытæ ныццарæзтой ног æрбац- æуджытæм. Схъырныдтой, срæйдтой. Ахстыты бакодтой иу бæрзæндтæ пыррыкрихи майоры бæрны. Уый сæ иу рæнхъæй слæууын кодта. Йæ цæстæнгас-иу алкæй раз дæр цъус афæстиат. Фæлæ Габойы раз дзæвгар ал- æууыд, йæ цæстытæй йæ æрысгæрста, йæ уæхскыл ын йæ къух авæрдта: — Цæттæ уæйыг. Кæцон дæ? — Кавказæй, Ирыстонæй. — Фехъуыстон Ирыстоны кой. Хæлар мын дзы уыди. Бер- линмæ бырсгæйæ фæмард. Уый дæр дæ хуызæн — до- мбæйттæарæзт. Майор дыууæ къахдзæфы фæстæмæ ракодта. Ногæй та сыл йæ цæстæнгас ахаста. Схуыфыди, стæй афтæ: 21
— Ахæстон хæдзар, мыййаг, нæу. Нæ кусджытæ уын лæгга^ кæндзысты. Лидзынвæнд уæ макæй хъуыдыйы уæд. Æвзæрдæи ын уыдзæн. Ахæстоны æгъдæуттæ хорз чи æххæст кæна, зæрдш агæй чи куса, уымæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хуыздæр цæс1 дардзыстæм. ] Ахстытæ сæ сæртæ æмхуызонæй разыйы тылд бакодтой. 1 Уыцы бон сæ кусынмæ нæ арвыстой. Базонгæ сæ кодтои лагеры царды æууæлтимæ. Габо йæ бæмбæджджын гобан æмай хъæццул къухæй æруыдта. Хъæдын сынтæгыл æрхуыссыд уæлн гоммæ. «Цымæ ам мæ сыхаг чи уыдзæн?» — уыди йæ фыцца1 мæт, Йæ цæстытæ æрцъынд сты, йæ фæллад суагъта æмæ аходæ^ ны фæстæ ахæстоны кæртæй фæлгæсыд сыбираг æгæрон хъæдыл. Хихджын бæлæстæ тарбынцъæх дардтой, сыф- тæрджынтæ та — бур. Æмбисондæн дард Сыбыр баззад. Йæ ’койæ дæр-иу зæрдæ ауазал. Фæлæ кæрдæг кæм ис, бæлæстæ кæм зайы, дон кæм цæуы, маргъы зарæг цы ран хъуысы, уым цардæн амæлæн нæй. Цавæрдæр æбæрæг ныфсæй Габо фæныфсджын, йе ’нæдаст цæсгомыл ныллæг хуры тынтæ схъазыдысты æмæ загъта йæхицæн: — Цæй, кæд та раст лæджы Хуыцау нæ фесафид, кæд та мæ фыдгулы фыддæрагæн нæ фæцудин. Изæрæй ахстытæ хъæдæй куы ’рцыдысты, уæд Габо йæ сы-' хагимæ базонгæ. Йæхи фæндиаг сабыр лæг разынд. Райдайæн- ты йын Габо йæ царды хабæрттæй ницы дзырдта. Уый дæр æй ницæмæй фарста. Габойæн фæрæт æмæ хырх радтой. Райсомæй-иу сæ райста æмæ-иу æй иннæ ахстытимæ хъæд калынмæ акодтой. — Ефим, кæд æхсæвиуат фæрсæй-фæрстæм кæнæм, уæд хъуамæ кусгæ дæр иумæ кæнæм,— иу бон Габо загъта йæ сыН хагæн.— Нæ дæ фæнды, и?.. — Цæмæн афтæ зæгъыс? — Ефим ын йæ къух йæ уæхскыл æрæвæрдта.— Дæуæй хуыздæр кæимæ хъуамæ кусон? Фæлæ! нын уæддæр кæрæдзи бæлвырддæр базонын æмбæлы. Æмæ йын уæд Габо радзырдта йæ хабæрттæ, стæй та — Ефим: — Ростовы облæсты Ивановойы хъæуккаг дæн. Хъæдгуыс^ ты дæсны мæ хуыдтой. Æппæлæгау дæм ма фæкæсæд. Арæз^ 22
тон хæдзæрттæ. Куыстон æмæ цардтæн, мæ хæлар. Æрхастон иу мæхи хуызæн кусæг лæджы чызджы. Ме ’фсин быдыры куыста. Цы дын æй æмбæхсон: а дунейыл мын уымæй зы- наргъдæр ничиуал уыди. Куыд фæзæгъынц, кæрæдзиуыл æрхъæцмæ дæр нæ хъæцыдыстæм, мæ хæлар. Уыдыстæм амондджын. Мæ бурдзалыг ус мын цъæх чызджы куы ный- йардта, уæд та мæм мæ амонд рæсугъддæр фæкасти. Загътон: «Нæ хъæбул хъуамæ хъуаг мацæмæй æййафа, хъуамæ мацæмæй тыхса. Хъуамæ суа æцæг адæймаг». Æмæ мæ дыстæ арфдæр батылдтон, дывæр хъарутæй кусын райдыдтон. Нæ чызг, æнæнтыст, йæ къахыл фараст мæймæ ауади. Уалын- джы хæст ныггуыпп ласта. Æмæ райдыдтой мæ хъизæмæрттæ, мæ бæллæхтæ. Цард мæм йæ чъылдым фездæхта. Цы бачынд- æуа, мæ хæлар. Æвæццæгæн, уый хъысмæтæй нывгонд, хъыс- мæты лæвар уыд... Ацыдтæн хæстмæ. Мæ фæрæты æмæ лæгъзгæнæны бæсты мæ къухмæ райстон хæцæнгарз. Карк дæр никуы аргæвстон. Ныр хъуамæ марон адæймаджы, иу зæххыл кæимæ цæрæм, уыцы адæймаджы, мад æмæ фыд кæй ныййардтой, уыцы адæйма- джы, дæуау æмæ мæнау сывæллæттæ кæмæн ис, кæнæ та йæ уарзон чызг æнхъæлмæ кæмæ кæсы, ахæм адæймаджы. Загъ- тон-иу, мæ хæлар: «Цæйнæфæлтау мын знаг мæхи амара, нæ Райгуырæн бæстæйыл цъыф къахæй цæуа, сæрыстырæй нæ йæхицæн цагъартæ скæна, фæлтау ын йæхи амарон, йæ артыл ын дон ныккалон. Æмæ йæ кæм æййæфтон, кæм ыл хæст код- тон, уым дзы æз дæр мæ хæцæнгарз не здæхтон. Хæцыдтæн, Кишиневы æмæ Харьковы, Минскы æмæ Одессæйы, Гомелы æмæ Днепры былгæрæтты. Ленинграды бынмæ мæ зæрдæйы сæрты знаджы нæмыг ахызти. Бахаудтæн госпитальмæ. Фæхуыссыдтæн дзы дыууæ мæйы. Мæ бинонтæй фыстæджытæ нал истон. Уый мын мæ зæрдæйы низыл низ æфтыдта, мæ катайыл — катай. Ныффыстон-иу сæм. Фæлæ дзуапп нæй. Зæрдæйы цæф фæуæз- заудæр. Æхсайдта... Мæ хæлар, уæлахизы хабар фехъуыстон Польшæйы зæххыл. Иуæй мæ цин йæ рог базыртыл фелвæста, иннæмæй мæ æнæхайыры гуырысхо йæ джебогъæй рæхуыста. Раздæхтæн мæ райгуырæн хъæумæ уалдзæджы кæрон. Раздæхтæн, уæдæ цы уыдаид. Фæлæ цæй хъæу æмæ цæй æндæр! Раздæр аргъауы хъæуау хъæздыг æмæ хурдзаст цы Иваново уыд, уый ныр уынын заууатæй. Хæдзæрттæй — бирæ пырхытæ. Нæ хæдзармæ атындзыдтон. Дæ фыдгул дæр æмæ мæ фыдгул Дæр, мæ хæлар, мæ уавæры макуы бахауæд. Мæ сæр адзæгъæл и, мæ зонд ныттар и мæйдар æхсæвау. Мæ уæнгтæ æрызгъæл- 23
дысты. Мæ цæнгтæ цæргæсы саст базыртау æрхаудтой. Цы дæн, кæм дæн, уый нал хатыдтон. Мæ фæлмæст зæрдæйæ тæригъ- æддаг хъæрзт сирвæзти. Судзаг цæссыгтæ мын мæ сулæфæнтæ æмæ мæ цæстытæ ахгæдтой. Мæ зæнгтæ мæ быны адон сты. Калд бæрзау æрфæлдæхтæн дæрзæг уымæл зæххыл. Цы дардыл таурæгътæ дын хæссын, мæ хæлар, нæ хæдзарæн йæ кой дæр нал ис. Зæрдæ сæттынæн ма дзы баззад æрмæстдæр егъау ингæнау егъау дзыхъхъ. Габойы зæрдæ дæр суынгæг æмæ къуызгæ хъæлæсæй ба- фарста Ефимы: — Дæ бинонтæ... цы фесты?.. — Куы æрчъицыдтон, уæд мæ уæлхъус лæугæйæ ауыдтон цалдæр зæронд усы æмæ лæджы, стæй гомзæнг сывæллæтты. Сылгоймæгтæ сæ цæссыгтæ сæ кæлмæрзæнты кæрæттæй асæрф- той, алчидæр мын дзы ахъæбыс кодта. Нæлгоймæгтæ мын мæ къух райстой. Сывæллæттæ та мæм цымыдисæй, гомдзыхæй кас- тысты. Мæ фæндаггон хызынæй систон сау дзулы æрдæг æмæ салæйы къæрттытæ. Радтон сын сæ. Зыдæй сæ фæдæле кодтой... 0, бахатыр кæн, адзæгъæл та дæн. Устытæй мын сæ иу за- гъта: «Нæ цард Хуыцауæй аразгæ у, уый нын æй ратты, уый нын æй айсы. Уыцы зымæгон бон — æлгъыст фæуæд! — немы- цы хæдтæхджытæ хъæуыл бомбæтæ æрæппæрстой. Иу дзы уæ хæдзарыл сæмбæлд æмæ... Дæ ус æмæ дæ чызгæн нал бантысти уæрммæ алидзын»... Бацамыдтой мын сæ ингæн. Ныффæлдæхтæн ыл. Ныббогъ ластон. Суанг изæрмæ афтæмæй фæхуыссыдтæн. Хъæуы мын ныллæууæн нал уыди, кæд ам арвыстон мæ са- бидуг æмæ мын æнæкæрон зынаргъ у, уæддæр. Афтæ скарста мæ зонд. Адæм мæ урæдтой, дæ хъæубæстыл дæ къух куыд исыс, зæгъгæ, фæлæ иугæр сфæнд кодтон, уæд æй нал аив- дзынæн мæ фæнд. Афтыдтæн Уралмæ. Стæй та уырдыгæй — Ташкентмæ. Ам заводы кусын райдыдтон шофырæй. Хæсты куы фæцæф дæн, уæд уый фæстæ сахуыр кодтон шофыры дæсныйадыл. Раздæр та фистæг æфсæддон уыдтæн. Фæлæ шофыртæ æхсызгон хъуы- дысты. Хæлц, дарæс æмæ хæцæнгæрзтæ ластон. Фæлæ шофырæй бирæ нæ акуыстон. Иу изæр та машинæйæ фæцæйцыдтæн. Мигъ бæзджын ныббадти. Ахæм мигъ Ташкен- ты, фыццаг хатт федтон. Мæ полуторкæ хъавгæ скъæрын дæргъæй-дæргъмæ уынджы. Ссыгътон мæ цырæгътæ. Фæндаг, цæуджыты дзæбæх æвзæрста мæ цæст. Фæлæ ме ’намондæн цæхгæрмæ уынджы фæзилæны мæ размæ фæци иу расыг, 24
раестæмбис кары лæг. Машинæ æваст фæзылдтон галиуырдæм, уромæнтæ æрæлхъывтон. Абырыди ма иу-дæс метры. Фæлæ уæддæр йæ фарсæй скъуырдта расыг лæджы, фæурæдтон, рагæпп ластон æмæ бауадтæн уыцы æнамондмæ. Удмидæг ма уыди. Рынчындон — хæстæг, уырдæм æй мæ хъæбысы баскъ- æфтон. Фæлæ сахаты фæстæ ахицæн. Æмæ мæнæ ныр афæдз ам дæн. Мæ фондз азæй иу ахицæн, табу Хуыцауæн... Цард доны къусæй уæлдай нæу. Куы иуырдæм фæкъул вæййы, куы та — иннæрдæм. Уæддæр цардæн исты амæлттæ кæнын хъæуы,— Габо та махоркæ стыхта. — Раст зæгъыс, Ефим, исты амæлттæ кæнын хъæуы. Зæрдæмæ ныхъхъусын хорз нæу, цæттæ.низ у. 4. — Саулæг, уæ Саулæг, ныр дæр та дæ фидар фæлæууын бахъуыд,— йæхицæй ныббузныг Саулæг, дзаг. фынгыл бадгæйæ.— Лæг дæ æмæ лæджы митæ кæныс. Лæгдзинæдтæ æвдисыс. Фæлæдæ ацы хатт нæлгоймагимæ нæ — сылгойма- гимæ хъæбысæй рахæцын хъæудзæни. Хани... Нырма уал йæхи хъæддыхæй дары. Мæн ауынгæйæ, йæ былтæ сысчъилтæ кæны, йæ мæстджын цæстытæ мæ ныссадзы, сæ судзинтæ мæ фæтъыссы. Уæддæр мын æхсызгон у сæ фенд. Рæстæг — зæрдæйы хъæдгæмттæ дзæбæхгæнæг, зæгъгæ, дзæгъæлы нæ фæзæгъынц. Байгас кæндзæни Ханийы зæрдæйы хъæдгом дæр. Æмæ айрох кæндзæни, бирæ кæй уарзы, уыцы Габойы. Цард йæхиуæттæ домы. Габо та, Хуыцауæн зын ницы у, тагъд бонты нæ сæфтдзæни Терчыхъæумæ, стæй, чи зоны, уæвгæ дæр мауал сыздæха — ахст лæгмæ фыдбылыз æмхиц у. Саулæг графинæй арахъхъ рауагъта сыкъамæ, йæ мæнгард цæстытæ сзылдта цармæ æмæ скуывта: — О дунетæ рафæлдисæг иунæг кадджын Хуыцау! Ахъаз мын бакæ, цæмæй мæ рагвæнд къæрмæгау мæ хъуыры нæ ныс- сæдза, мæ хъуыддæгтæ мын рæствæндагыл ауадз. Æмæ дын нырау кæддæриддæр кувдзынæн мæнæ ахæм æртæ чъирийæ æмæ сæныччы фыдæй, дæ рын бахæрон. Йæ изæры зылдтытæ конд фæци Катя. Йæ хъуджы æрдыгъ- та, роды йæ мадыл бафтыдта. Фысты сæ уæрыччытимæ хицæн 25
хатæны бакодта. Уисойæ кæрт æмæ сара ныммарзта. Йæ раз- дарæн раласта, йæ къухтæ ныхсадта æмæ хæдзармæ бацыд, йæ лæджы фарсмæ æрбадти: — Дæ хорзæхæй, нæ лæг, афтæ зæрдиагæй æмæ æртхъирæнтæгæнгæ кæимæ дзурыс? Æви та... Цæуылнæ ныу- уадзыс æнцад уыцы мæгуыр сылгоймаджы? Йæ лæджы йын бабын кодтай æмæ дын уый æгъгъæд нæу?! — Афтæ йын хъуыдис! Æз закъоны лæг дæн! Адæмы, æхсæнады фæллой хъахъхъæнæг! Бамбæрстай? — Закъоны лæг, адæмы, æхсæнады фæллой хъахъхъæнæг,— йæ лæджы ныхæстæ сфæзмæгау кодта Катя æмæ Хъæрæй ных- худти.— Закъоны лæг!.. Саулæг арахъхъ рауагъта æмæ, æнæдзургæйæ, анцъыхта. Уæлибæхы карстмæ басмыста æмæ йæ фæстæмæ фынгыл æрæвæрдта. Йæ былтæ асæрфта йæ къухæй: — Мæнæ сæрхъæн, дæ дзыхыл хæц! Уый цытæ лæхурыс, куыд уæндыс?. — Æмæ мæнгæй цы зæгъын? Габойы цы бон æрцахсын код- тай, уый размæ бон дæхæдæг æмбисæхсæв дыууæ голладжы мæнæу куы æрбаластай, иу голлаг та — мæ фыдмæ куыроймæ... Закъоны лæг! Рæстдзинадыл тохгæнæг!.. Йæ уæнгтæ ихæнриз скодтой Саулæгæн. Тас дзы бацыд: «Ацы сæрхъипп мæ куы банымудза æмæ нæм куы баджигул кæной, уæд дæ къæхтæ Габойы фæдыл раст араз. Исты амалæй йæ æрсабыр кæнын хъæуы». Йæ карз ныхасы уаг фæфæлмæн: — Æрбаластон æмæ цы? Мæхицæн æмæ ма кæмæн? Дæуæн, дæ мад æмæ дæ фыдæн, дæ хо æмæ де ’фсымæрæн! Адæмæн нартхоры кæрдзын дæр фаг нæй, ды æмæ дæ бинонтæ та пух дзулæй сæ уæлдæйттæ уадзынц. Æхцайы æвæрæнтæ дæр дын кæнын... — Мæ бинонтæ дæ къæбæрхъуаг не сты... Фæлæ ма дæ ис- куы Ханийы кой фехъуыстон — ма-иу мæ рахъаст кæн! Саулæг ныхас иннæрдæм аздæхта: — Æз нæ фидæныл сагъæс кæнын. Хуыцауæн табу, ницы хъуаг стæм. Хæдзар — дзаг. Фæлæ нæ уæрæх уæтты нæ дыууæ йеддæмæ змæлæг нæй. Нæ зæры бонты нæм чи кæсдзæни? Дæуæн та зæнæг нæ цæуы... — Æмæ дын Хани йæ хъæбулы ратдзæни,— Катя фыццаг нæ^ бамбæрста Саулæджы дæлгоммæ ныхæсты хъуыды, ныр зынджы стъæлфæнау фесхъиудта.— Фæлæуу-ма, фæлæуу. Уымæй цы зæгъынмæ хъавыс? Дæ зæрды цы æрæфтыд, азтæ 26
дыл куы асæпп-сæпп ласта, дæ сæр мæйау куы ныггæмæх. Æнафонтæм-иу хæдзармæ нæ цыдтæ. Мæнæн та-иу мæ цæссыгæй мæ баз ныххуылыдз... Мæн мæ фыд дæуæн тыххæй радта. Сайд мыл æрцыди. Фæлæ ма ныр æрæджиау цы бакæ- нон, цы?!. Катя йæхи тынг æнамонд хуыдта, зæнæг ын кæй нæ цыд, уый тыххæй. Куыд тынг бæллыд йæ зæрдæйы бын сывæллоны сызмæлынмæ! Куыд тынг бæллыди авдæны зарæг акæнынмæ! фæлæ йын нырма нæма байрæджы! Фынддæс æмæ йыл ссæдз азы дæр æххæст нæма цыди. — Æз дæуæй къаддæр нæ уарзын сывæллæтты,— йæ тарф хъуыдытæй феуæгъди Катя.— Хъæуы ахæм саби нæй, æз ад- джинаг кæй къухы нæ фæсагътон, кæй нæ барæвдыдтон. Цал хатты дын загътон: горæтмæ сидзæр сывæллæтты хæдзармæ ацæуæм æмæ нæхицæн иу цъæх чызг уæддæр... Кæрæдзи чи æмбары, ахæм æнæзæнæг ус æмæ лæг куыд фæкæнынц, афтæ бакæнæм. Фæлæ-иу ды ныффæрск дæ: «Мæн хи туг сывæллон хъæуы, хи стæг!..» Иу сыкъа та фæдæлæмæ кодта Саулæг æмæ дзидзайы карст нынныхъуырдта. — Уымæй мæнгæй цы зæгъын? — Саулæг йæ къух Катяйы астæуыл æрбатыхта, алы ныхæстæ мысыди Ханийыл.— Уал азы, дам, идæдзæй нæ фæбаддзæни. Габомæ, дам, æнхъæлмæ нал кæсы. Дзурджытæ, дам, ыл ис Фæзыхъæуæй. Фæлæ кæд мæнæн адæмы цæстмæ алывыдтæ акалы, уæддæр мын цыма мæ къух сараздзæни, мæ ныхасы сæрты нæ ахиздзæни. Цы дæ бахъыг- дардзæн? Габойы æрвадæлтæм йæ фырты ныууадздзæн. Иумæ «а» æмæ «о»-йæ цæрдзыстут... — Цы загътай, цы? — Катя йæ астæуæй йæ лæджы къух атыдта, фестад æмæ фæранкау уаты къуымты фырадæргæй сзиллæг, йæхицæн бынат нал ардта, фыццаг хатт комкоммæ ныккаст йæ калмзæрдæ лæджы цæстытæм.— Йæ лæджы йын фæмидæгæй кодтай æмæ йæ ныр дæхицæн дыккаг усæн хæссыс?.. — Æрсабыр у, æрсабыр! Хъазгæ кодтон! — Хъазгæ кодта... Æз та хъазгæ нæ кæнын. Катя йæ дзаумæттæй цыдæртæ атыхта, йе ’ккой сæ акодта. — Кæдæм, дæ зонд фæцыд? — Ныронг мæм зонд нæ уыди. Ныр мæм ис зонд! Арæдывта мæ масты дзæкъул! — Ма мæ фæхудинаг кæн!.. — Худинаг? Дæу?! Æхсæв-бонмæ Саулæг фыдфынты хай фæци... 27
Хабар уады æфсургъыл бады. Дыккаг бон райсомæй æгас Терчыхъæуыл ахъæр и: Катя Саулæджы пецы къæйыл сидзæрæй фæуагъта æмæ, дам, йæ цæгатмæ афардæг. 5. Сыхæгты ацæргæ ус Надийæн йæ лæппу йæ усимæ Дзæу- джыхъæуы æрцард. Йæ куыст дæр — уым. Инженерæй. Йæ мады æнæ абæрæггæнгæ иу хуыцаубоны дæр нæ ныууагъта. Ханийы дæр-иу афарста Габойæ. Нади буц уыд йæ лæппуйæ. Сæрбæттæнтæ, адджинæгтæ-иу ын балхæдта. Фæлæ йын æндæрæбон сæ сыхаг студентæн цы лæвар æрæрвыста, уымæн дзы æмбал нæ уыд. Нади уæлибæхтæ акодта. Стыр тæбæгъы сæ урс хæцъилæй батыхта, лæвар райста. Рагуалдзæг. Æхсæв йæхи æруагъта Терчыхъæуыл. Бæстæ æрсабыр. Æрмæст кæцæйдæр хъуыст иу куыдзы дзæгъæл рæЙБ(н. Тæрхæгыл — сау уæйлаг нымæт æмбæрзт. Гаги йыл бады æмæ йæхицæн хъазы, зымæджы йын Надийы лæг Бибо цы хъултæ радта, уыдонæй: — Уый цыг абадт, уый та — фыр, ай та — цæу. Сывæллоны мад цырагъы рухсмæ кæсы, Габойæ абон цы фыстæг райста, уый. Йæ фæлурс цæсгомыл цины тæлм абадти: «Мæ зынаргъ Хани. Зонын, мæнæй дæуæи зындæр кæй у, уый. Бахатыр мын кæи, цæссыг калгæйæ дæ кæй ныууагътои, уый. Æз зыд- тон уарзын æмæ дæ уарзтон. Ныртæккæ та ноджы фылдæр уарзын. Фæпдагыл цæуои — мæ фарсмæ ды дæ. Кусгæ кæнои — мæ фарсмæ дæ. Бадгæ кæион — мемæ дæ. Нæзыты цъæх уыиæры дын дæ уæздан хъæлæс фæхъусын. Æнæ дæу мæм цард цард нæ кæсид, хур — хур. Хæрииаг мын хæринаджы ад нæ кæиид, дон — доны ад. Дæу мысгæйæ, мæ хъарутыл æфты. Тынг зын дын кæй у, уый æгæр хорз дæр ма’мбарын. Фæлæ зынтæ бавзарæг цииы ад хуыздæр æнкъары. Махæн та нæ цины бонтæ нырма разæй сты. Фæдзæхсын дын иогæй нæ хъæбулы. Æниу дыи æй цæй фæдзæхсыи хъæуы! Нади йæм йæ цæст кæй дары, уый тыххæй йын мæ иомæй арфæ ракæн. 28
Мæхи тыххæй дæм цы ныффыссон, мæгъа. Раздæрау Ефимимæ хъæд калæм. Æнæсайд куыст кæй кæнæм, уымæ гæсгæ пæм лагеры дæр æмæ хъæды дæр цæстдарæг нал ис. Нæхи бар нæ ныууагътой. фæлæ айфыццаг ахæм ахстытæй иу алыгъд. Æмæ йæ хъæды кæмдæр бирæгътæ бахсыдтой... Уæдæй фæстæмæ ахстыты æнæ цæстдарæгæй пикæдæм уал уа- дзынц. Фæлæ уæддæр нæ дыууæ Ефим нæхи бар стæм. Гагийы мын дæ хъæбысы ныккæн. Зæрдиаг салæмттæ мæ номæй хъæубæстæн. Уæлдайдæр — Нади æмæ Бибойæн. Саламтæ дыи Ефимæй. Бузныг, Хани, дæ фыстæджы тыххæй. Уæ уындмæ бæллæг Габо». Хани фæстаг рæнхъытæ куыд каст, афтæ дуар æрбахостæ- уыд. — Акæс-ма, Гаги,— Хани фыстæг рудзынджы тарвазыл ав- æрдта. — Уазæг нæ уадзут, хæддзу уазæг? — Надийæн йæхицæй йæ ныхас фæраздæр, йæ хæссинæгтæ стъолы кæрон авæрдта.— Мæхи бар мæ уадзут. Гаги, рауай-ма, дæ дарæс ма феппар. Нади тыхтон райхæлдта. Матросы худ, хæдон æмæ хæлаф лæппуйыл скодта: — Раст ын сæ цыма йæхиуыл сбарстой, афтæ хорз ыл фи- дауынц. Уыдон дын — нæ лæппуйы лæвар. Æнæнизæй, ногæй- ногмæ сæ тон. Стыр лæг куыд суай. Гаги йæ мидбынат æркафыди фырцинæй: — Æз матрос дæн! Æз моряк дæн! Æмæ-иу куы йæ мадмæ бакасти йæ хъоппæг цæстытæй, куы та-иу Надимæ бакасти. Ханимæ Гаги йæ ног фæлысты бынтон йæ фыды ’нгæс фæкаст. Æмæ йæ зæрдæ ныууынæргъыдта. — Хани, Хани, ме ’рбацыды сæр дын хъыг уыди? — хионы бустæтæ йыл скодта Нади.— Ныртæккæ фæстæмæ аз- дæхдзынæн. — Нæ зонын, куыд хуыздæр арфæ дын ракæнон,— Хани йæ цæнгтæ æрбатыгъта Надийыл.— Фæлæ æдзух мах тыххæй ахæм хæрдзтæ цæмæн кæнут? Нæ мæгуырдзинад исты сымах фыдæх куынæ у. — Сыбыртт дæр нал. Хæрдзтæ-йедды кой дæр нал. — Абон нæхионæй райстон фыстæг. Дзæбæх, дам, дæн. Дæу дæр фæрсы, Бибойы дæр. Арфæ уын кæны. — Хуыцау ын раарфæ кæнæд! Ныр та абадут æмæ Гагийы гуылæй фæйнæ комдзаджы скæнут. Хани, ницы ма фехъуыстай? 29
— Куынæ... — Дысон Катяйы фыд бафидыдта фæзыхъæуккаг Сохти- имæ. Иннæ хуыцаубоны та сæ чындзæхсæв. — Æхсызгон хорз дыл æрцæуæд! Амондджын у, ахæм лæджы дзæмбытæй чи фервæзти. — Куыддæр йæ лæгæй, лыгтæ фæуа, ахицæн, афтæ йæ хуыз калынмæ фæци. — Мастæн æфсæйнаджы фæрстæ дæр куынæ лæууынц. Уый та хæдæфсарм адæймаг куы у. — Фарны къах авæрæд. Дыууæ сылгоймаджы æхсызгонæй сулæфыдысты. 6. Æхсæвы мит фæуарыди. Фадхъултæй фæуæлдæр. Дымгæ йæ ниуынæй нæ банцади. Хъæдынкъул баракыл-иу йæхи стонг сырдау ныццавта, мидæмæ фæндаг агуырдта. Æмæ-иу чысыл зыхъхъыр дæр кæм уыд, уым-иу скуыси, ахстыты цæсгæмттыл- иу йæ уазал арм асæрфта. — Гъе, гъе, Сыбыр райдыдта йæ фыдуаг митæ, йæ налат кæнонтæ кæнын,— Ефим хъæццулы бынæй йæ къух радардта æмæ Габойы фарс басхуыста йæ амонæн æнгуылдзæй.— Мæ хæлар, фынæй дæ? Габо уæлгоммæ хуыссыд æмæ та йæ хъуыдыты атахт Ирыстонмæ, йæ цæстытыл цардæгасæй уадысты йæ биной- наг æмæ йæ фырт, йæ галтæ. «Цымæ ныр æнæ мæн куыд сты,— æрхæндæгæй ныуулæфыди Габо.— Цымæ кæй къухмæ бахаудтой, кæд сæ, мыййаг, исчи ставд лæдзæгæй нæмы, фыргуыстæй сæ мары, хæринаг сын афойнадыл нæ дæтты, нæ сæм зилы æмæ сæ фæрстыл сæ фаджыс ныхъхъæбæр. Ехх, нæ быдырты сыджыты къуыбар ма дæ армы сæууæрд...» — Нæ, фынæй нæ дæн, Ефим. Даргъ зымæгон æхсæв рафт- бафтæй мæ синтæ дæр фæрыстысты. Кæй бон у уый бæрц фынæй кæнын, сагъæстæ æнцойдзинад кæмæн дæттынц? — 0, дæуæн ис, кæй æрымысай, уый. Æз та хъæды хало- нау зыбыты иунæг дæн. Мæ мад æмæ фыд хæсты размæ амар- дысты. Мæлгæ нæ, фыдгæнджытæ сæ мæйдар æхсæв нæхи хæдзары фынæйæ фæрæтæй ныргæвстой, ног цардарæзтыл æнувыд кæй уыдысты, уый тыххæй. Хотæ мын нæй. Мæ дыу- уæ хистæр æфсымæрæй иу Керчы хæсты фæмард, иннæ та — Прагæйы тохты. Æввахс хæстæг, хион мын нал ис. Æмæ 30
кæй æрымысон, кæй мысгæйæ ацæуон рæсугъд сæнтты, мæ хæлар?.. Ацы хатты хуызæн никуы фæтæригъæд кодта Габо Ефимæн. Лцы хатты хуызæн ын никуы сагайдтой йæ зæрдæ Ефимы æнкъард ныхæстæ, Цы чындæуа... Цард йæ иу къухы какон сындз дары, йæ иннæ къухы — дидинæг. Габо ныхас иннæрдæм аздæхта: — Уæллæгъи, Ефим, æцæг райдыдта Сыбыр йæ хъуын- тъыз цæсгом æвдисын. Фæлæ нын цы йæ бон у? Утæппæт адæм кæм фæразынц, уым мах дæр бабыхсдзыстæм. Ехх, нæ ахсты æмгъуыдтæ куы аивгъуыиккой, уæд дæ Ирыстонмæ æнæ схонгæ нæ фæуаин. Ирон куывд дын скæнин, ирон ку- ывд. Æркафын дæ кæнин ирон фæндыры цагъдмæ. Хæрзаг, иыццæхгæрмæ уаис, ирон кафт нæ зонын, зæгъгæ, и? Фын- джы хистæр дын уазæджы нуазæн радтид. Базонгæ уаис не ’гъдæуттимæ... — Бæргæ... Бæргæ, фæлæ дæ æз та кæдæм æрхонон? Нæ зонын, куы ссæрибар уон, уæд кæдæм аздæхдзынæн, уый. Æвæццæгæн, мæ райгуырæн хъæумæ. Æз дæр дæ æнæ баца- гургæ нæ фæуыдзынæн... Бонырдæм дымгæ йæ къуыс-къуысæй банцад. Иу хатт ма йæ хъæлæсыдзагæй ныффу ласта æмæ бæлæсты мит бынтондæр æрцагъта. Хуры тынтæ æрбатахтысты, хырыз митыл æркафы- дысты æмæ урс æрттывдмæ цæстытæ нæ лæууыдысты. Ахстытæ арф миты лæгæрстой сæ куыстмæ. Иннæ бонтау пыр дæр Габо æмæ Ефим иумæ араст сты, сæрмагондæй сын цы хай рахицæн кодтой, уырдæм. Сæхи фæзминагæй кæй æвдыс- той, æууæнкджын кæй уыдысты, хъазуатонæй кæй куыстой, уымæ гæсгæ сæм цæстдарæг нал уыд. Уæрæх хъæд уынæрæй, хъæр-хъæлæбайæ байдзаг и. Калд бæлæсты къæс-къæс-иу ссыд зæххыл, сæ æмыр гуыпп-иу фæцыд. Уайтагъд-иу бæласæн Габо æмæ Ефим сæ цыргъ фæрæттæй йæ къалиутæ ахсæстой. Хъæд-иу фæзгондмæ атылдтой æрмæгæн, къалиутæ та-иу хицæн ран самадтой. Æмæ та-иу хырх бавæрд- той иннæ бæласы зæнгыл. Уый дæр та-иу уайтагъд къæс- къæсгæнгæ, сæрдзæф галау, æрфæлдæхти зæххыл. Сихорафон сси. Габо æмæ Ефим сæхи байстой бæрзонд къабузджын нæзыйы цурмæ. Бындзæфхæдтыл æрбадтысты. Сихор скодтой, сæ фæллад уагътой, дымдтой тамако. 31
Иу заман Ефим фæкомкоммæ, сæ фарсмæ чи куыста, уыдо- ны хаймæ. Федзæм, йæ цæсгом фæтар, йæ былтæ æрбалхъывта æнгом.\Рог фестад æмæ уыцырдæм, егъау къахдзæфтæ кæнгæ, ауади. Габо йыл фæдис кодта, цы йыл æрцыд æмбойны, зæгъгæ, йæ фæдыл адзырдта: — Кæдæм?.. — Дард нæ цæуын, ныртæккæ фездæхдзынæн,— рахъæр æм кодта Ефим. Габо уæддæр йæ фæдыл ауад. - — Ам чи кусы? — Ефим мæстджынæй бафарста, калд бæла- сыл цы дыууæ ахсты бадт, уыдоны. Ахстытæ йæм скастысты. Алчидæр сæ йæхинымæр ахъуы- ды кодта, цымæ нæ цæмæн фæрсы, зæгъгæ. Æмæ йын исдугмæ дзуапп нæ лæвæрдтой. Фæлæ та сыл ногæй йæ цæстæнгас тызмæгæй куы ахаста, уæд сæ иу, ног ахст, сыстад æмæ йын, йæ былтæ фæцъупп кæнгæйæ, загъта: — Мах, мæнæ дыууæйæ. Фæлæ дæ цы хъæуы? — Уæртæ уыдон цы сты? — Ефим калд талатæм ацамыдта. — Талатæ,— загъта ног ахст æмæ йæ бынаты æрбадынмæ хъавыди, фæлæ йын Ефим йæ цонгыл фæхæцыди. — Цы дæ хъæуы мæнæй? Айс дæ къух! — Чи сæ акалдта? — Æз! Цы зæгъыс? — Хъæд бындзарæй, æд талатæ куы ныццæгъдæм, уæд фид- æны ам быгъдæгæй кæй баззайдзæн, уый... уый!.. Ног ахст ныххудти. — Дæ фæнык фесафай. Цæуылты мын сагъæс кæныс? Фид- æны, дам, ам... Мыййаг, Сыбыры баззайынмæ хъавыс? — Балбес, иу тала цæмæй сбæлас уа, уый тыххæй цал азы хъæуы, уый зоныс? — Нæ зонын æмæ мæ йæ зонын дæр ницæмæн хъæуы! — Фидæны фæлтæр цы зæгъдзысты, куы ницы сын ныу- уадзæм, уæд? — Цыфæндыдæр-иу дзурæнт. Мæн уыдоны мæт нæй! — Уæдæ ма иу тала дæр куы акалай, уæд-иу мæ хъаст ма ракæн... — Æртхъирæнтæ дæр мæм кæныс, сæрхъипп? — лæппулæг йæ фæрæтмæ фæлæбурдта, фæлæ йын Габо йæ цонг ацахста, нылхъывта йын æй, æмæ фæрæт ссæст митмæ æрхауд. — Гъе, мæ хæлар, æгæр рогæн нæ рафыхтæ? Исты, уæд дæ царм æмæ де стджытæ æддæг-мидæг ауайдзысты. Нæ фехъуыс- тон ма зæгъ. 32
Уый йæм тарст цæстытæй каст: ахæм домбай лæгыл никуы- ма фембæлд, ахæм къухты æвирхъау æлхъывд никуыма бав- зæрста. Йе ’мбал дæр йæ сæрыл не сдзырдта, æмæ уæд йæ ныфс бынтондæр асаст. Афтæ куыстой дыууæ æрдхорды бон, дыууæ, æртæ. Къуы- ри. Афæдз. Дыккаг аз... Фæскуыст та дыууæйæ рацæйцыдысты. Ныхæстæ кодтой. Хъæдæй стыр фæндагмæ куы æрхызтысты, уæд сæ дæле ауыдтой иу цыппардзæлхыг уæрдон. Иу рæстæмбис кары сыл- гоймаг архайдта цалхимæ. Иæ цурмæ æрбахæццæ сты, салам ын радтой: — Рæстмæ у, сыбираг бæлон. — Арфæгонд ут, сыбираг хъæрццыгъатæ. Ефим æрдзуццæг. Æркæстытæ кодта цалхмæ. — Гъе, сыбираг бæлон, дæ цалхы уавæр хорз нæу. Куыд æй ныссастай? — Цалх дурыл сæмбæлди... — Ныр æй мах бар уадз.— Габо цалхы къодах раппæрста. Дыууæйæ цалх цалцæг кæнынмæ февнæлдтой. Басагътой йыл сæхи амад цалдæр дæндаджы, тæлыйæ къуыдырмæ сæ фæфи- дар кодтой. — Кæд нæ азгъæликкой,— загъта Габо. Ефим гуыффæйыл йæ синтæй схæцыди, Габо та цалх йæ бынаты — сæмæныл бакодта. — Мæлæты уæззау у дæ уæрдон,— Ефим йæ ныхы хид ас- æрфта.— Фæрсæг сонт у. Бафæрсын аипп ма уæд. Кæдæм цæ- уыс, нæ хойы гæбаз? — Артемовойы хъæуы кусын дуканийы. Алы товартæ сыхаг хъæумæ аластон абон райсомæй. Æрбауæй сæ кодтон. Æмæ ныр здæхын нæхимæ. — Ау, иунæгæй куыд рауæндыдтæ ахæм фæллоимæ? Уæлдæй, сæрæн сылгоймаг дæ,— раппæлыди дзы Ефим. Габо та йын йе ’рвхуыз цæстытæм ныджджих. — Иу бирæгъæн мæхи хæрын нæ бауадздзынæн,— бахудти сылгоймаг,— мемæ кæй ракодтаин, ахæм нæлгоймæгтæ хъæуы нæй. Чи дзы ис, уыдон дæр зæрæдтæ, кæнæ — сахъатджынтæ. Сылгоймæгтæй та алкæмæн дæр йæхи куыстытæ ис. Сывæллæттæ та уаргъæй уæлдай не сты фæндагыл. Æмæ æз дæр рацæуын иунæгæй. 3 Махдуг№ I, 1999 33
Йæ цæстытæ дзы нал иста Габо. Уый бафиппайдта Ефим. Уый бафиппайдта сылгоймаг йæхæдæг дæр: «Ацы æнæджел- бетт мæм цы ныдздзагъыр?» Фæлæ йæ Габо æнахуыр зынд- жы стъæлфæнæй кæй сыгъта, уый йын æхсызгон уыди. — Цæвæджы хъæд аныхъуырдтай, цы ныджджих дæ? Сыл- гоймагæн иу уæздан ныхас уæддæр зæгъ, хуырым ма у? — Ефим йæ хæлары хъуыдытæ фæсырдта йæ фæлмæн уайдзæфæй. Габо æрчъицыдта. Фæлæ цы загътаид уæздан ныхасæй, ахæм йæ зонд æвиппайды нæ ахста æмæ йæ æцæгæй хуырым лæджы фарст æнæнхъæлæджы бакодта: — Дæ ном цы хуыйны? — Мæ ном? Кæд дæ афтæ тынг хъæуы, уæд, табуафси: Аннæ. Габойы зæрдæ фæкъæпп ласта... Куы ма афæстиат уыдаид, уый фæндыди Габойы. Фæлæ сылгоймаг уæрдонмæ схызти, бозийыл æрбахæцыди. Бæхтæ сæ сæртæ фæхъил кодтой. — Кæд уæ исчи нæ хъæумæ æрбафта, уæд ын фысым уы- дзыстæм,— загъта ма Аннæ æмæ бæхтыл схъæр кодта. — Ефим, цы, уый зоныс? — йæ фæдыл кæсгæйæ, афарста Габо. — Цæмæй йæ зонын, цæмæй... — Цыдæр зонгæ сылгоймаджы хуызæн мæм фæкаст. — Вæййы афтæ дæр... — Чи зоны... Цыма йæ кæмдæр федтон. Фæлæ кæм, уый мæ зæрдыл нал лæууы. — Ма йæ бауарз? — Цытæ дзурыс?! Ефим раст у: асæй дæр, кондæй дæр, уындæй дæр æм Аннæ Ханийы х;алдих фæкасти. — Нæ, уæддæр æй, Ефим, бæлвырд кæмдæр федтон,— йæхи фæнд атардта Габо. Аивгъуыдта бон, дыккаг, аивгъуыдта æртыккаг бон. Къуыри. Мæй. • Нæ рох кодта Аннæйы Габо. Фæндыд æй йæ фенын, йемæ аныхæстæ кæнын. Фæлæ куыд, цы хуызы? — Басаст æргом Ефимæн: — Аннæйы фенын мæ фæнды... 34
Габойы уавæр йæ дзыхы ныхасæй дæр, йæ цæстæнгасæй дæр, суанг ма йæ фезмæлдæй дæр Ефим нырмæ дæр хорз фип- пайдта. — Вæййы афтæ дæр, — сразы та йемæ Ефим. -— Хъазын æнхъæл мын дæ? — бакаст æм Габо. — Бахъæц. Фадат дын уыдзæни. — Кæд? — Тагъд ма кæн, мæ хæлар! Алцæмæн дæр йæ рæстæг æрцæудзæн. Ахстытæ хъæд калдтой. Уæлдæф нæзы чъиуы тæф кодта. Ефим æмæ Габо алы бон дæр æмбæлдысты уыцы ног ахст лæгыл. Æмбæлдысты йыл барачы дæр, хъæды дæр, лагеры кæрты изæрыгæтты тезгъо кæнгæйæ дæр. Æмæ кæрæдзийæн салам лæвæрдтой. Хъæды та иу тала дæр барæй ничиуал калдта. Сабат. Æризæргæрæттæ. Ахстыты хицау йæ кусæн уаты архайдта гæххæттытимæ. Касти, ахстытæй йæхи чи куыд дард- та, цас рæстæг ма йын баззад, уый тыххæй бæрæггæнæнтæм. Стæй куыд рацæйцыд, афтæ йыл хæрхæмбæлд фæци Ефим: — Бахатыр кæн, гражданин начальник, фæлæ... — Цы дæ хъæуы? — Мæнæ дæм мæ хæлар Габойы тыххæй... — Цы йæ хъæуы? Артемовойы йын иу зонгæ ис æмæ... Райсом фæлладуадзæн бон у æмæ, зæгъын, кæд гæнæн ис, уæд æй иу-дыууæ сахаты куы ауадзис. Лагеры хицау йæ амонæн æнгуылдз йæ былыл авæрдта: ауа- дза йæ, ма йæ ауадза... — Æмæ мæм йæхæдæг æрбацæуын йæ сæрмæ нæ хæссы? Минæвæрттæ мæм цы æрвиты? — фыццаг ын хъыггомау уыд Ефимы курдиат, фæлæ фæстагмæ æрфæлмæн и. — Хорз, ацæуæд. Дыууæ сахаты æмгъуыдмæ. Фæлæ исты, Уæд дзуапп ды дæтдзынæ. Габо кæрты разил-базил кодта. Уалынмæ йæ уæлхъус февзæрд Ефим. Хъæлдзæгæй. — Кæм фесæфтæ, кæм? — сбустæ йыл кодта Габо.— Цæ- Уыл хъæлдзæг дæ? 35
— Бæгуыдæр дæн хъæлдзæг. Дæ тыхстмæ кæсын мæ бон> нал у. Хицауæй дын бар ракуырдтон дæ бæлоны фенынæн. Æцæг дыууæ сахатæй фылдæр ма бафæстиат у. Габо йæ хъæбысы фелвæста йæ хæлары. — Мæ зæронд фæрсчытæ мын сæттыс! Уыцы æхсæвы хуызæн хорз фынтæ æрæджыты нал федта. Габо... Артемово æрæнцад æнæном чысыл цæугæдоны был рагъ- гонды дæлбазыр. Йæ алыварс — бæрзытæ æмæ нæзытæ. Цæрынæн — агургæ æмæ æнæссаргæ кæмæй фæзæгъынц, ахæм бынат. Рагъгондæй æмæ йæм бæлæстæй — дымгæты фæндæгтæ æхгæд. Кæрдæгджын тъæпæнтæ, хъæддаг хал- сартæ, дыргътæ. Сырдтæ æмæ мæргътыл цуан кæн. Дон — кæсагджын. Бирæ адæмыхæттыты минæвæрттæ цардысты ацы хъæуы. Уыдонæй ардæм чи хаст уыд паддзахы заман, чи та йæм цæрынмæ æрбалыгъд. Артемов революционер уыд. Уый дæр — хаст. Фыццаг дзы уый къах æрлæууыд. Фыц- цаг дзы уый сарæзта хъæдæй ныллæг къæс. Мæлгæ дæр ам акодта. Рæуджыты низæй. Ног хицаудзинады азты йын йæ ингæныл сæвæрдтой цыртдзæвæн, хъæу ын йæ номæй схуыдтой/ Габо фæндагыл йæхимæ хæцыди: «Цы сæрра дæн, цы стен- текк дæн. Ахст лæг дæ æмæ дæ куыдзы бынаты бад! Уæд та дæ исчи ныммардта! Дæ мард дæр дын ничиуал ссардзæн ацы хъæды. Хорз. Æм& йын уæд та лæг и? Цы зæгъдзæни?..» Цыдæр тых Габойы схуыста размæ. Æрбахæццæ хъæумæ. Сывæллæттæ къуыбыргондæй дзоныгъыл бырыдысты. Габо дзы иуы аивæй афарста, цы йæ хъæуы, уымæй. — Нæ дукани ис, уартæ уыцы хæдзары фале цы хæдзар ис, уый фале цы хæдзар ис, уыцы хæдзары фарсмæ цы хæдзар ис, уым,— саби æнæзонгæ лæгæн къухæй бацамыдта. Габо йæ рихиты бын бахудти: — Бузныг, мæ гыццыл чызг. Ахæм къаннæг хъæуы цæрджытæ сихормæ балхæнынц се ’лхæнинæгтæ. Дуканигæс дуарыл гуыдыр сæвæры. Æндæр хъæуæй æрбацæуæгæн, кæнæ та йæ фæндаггонæн кæддæриддæр бакæны. Аннæ йæм раздæр дисгæнæгау каст, ай та дзы кæцытæй у, 36
зæгъгæ. Стæй йæ цæсгом барухс: «Цыма йæ кæмдæр федтон... А-а... Уæд карджын лæджы хуызæн уыд — æнæ дастæй...» — Æгас цу, мæ цалхгæнæг. 0, фæлæ дæ цы хур, цы къæвда æрбахаста? — Тамако, спичкæтæ-йеддæ,— æфсон кодта Габо. фæлæ æмбаргæ сылгоймаджы ахæм уæлæнгæйтты нæ асай- дзынæ. Стæй Габо æмæ Ефимæн уæд йæхæдæг куы загъта, кæд уæ исчи нæ хъæумæ æрбафта, уæд ын фысым уыдзыстæм, зæгъгæ. Аннæ йæ размæ рауад æмæ йын йæ къух райста. — Куыд æрæгмæ нæм зындтæ? Де ’мбал демæ нæй? — Фæзивæг кодта,— æфсон та ссардта Габо. — 0, нæхимæ цом. Дæхи схъарм кæндзынæ,— Аннæ йæ хызыны нывæрдта тамако, спичкæтæ æмæ иу авг. Уырыссаг пецы гуыр-гуырæй сыгъди арт. Уат — райдзаст, хъарм. Габо йæ кæрц æмæ къандзол раласта. Аннæ йын сæ фæсдуар æрцауыгъта æмæ хæринаг кæнынмæ бавнæлдта: — Æз цалынмæ уæларт архайон, уæдмæ уал мæнæ къамтæ фен, дæхи уал истæуылты аирхæфс, науæд нынкъард уыдзынæ. Æмæ йын йæ разы æрæвæрдта, уырыс бинонты альбом кæй хонынц, уый. — Бузныг, Аннæ, бузныг. Сылгоймаг дæр йæ пъалто æмæ нымæтын къахыдарæс куы раласта, уæд йе ’цæг хуыз скалдта. Дыккаджы Хани. Йæ къуы- быр риуты, йæ хъæддых буары змæлд фæцагайдтой уазæджы æнхъæлцау зæрдæ... «Æцæг хуырым адæймаг дæн, æнæфенд,— Аннæмæ кæсгæйæ, йæхи æфхæрдта Габо.— Нæ фыццаг фембæлды дæр ын мæ ном нæ загътон, ныр дæр». Рафæлдæхта альбом. Фæкаст къамтæм. Никæй дзы зыдта. Цæлгæнæнæй сойкъухæй Аннæ рауади. Иунæгæй нæ тыхсыс? Чысыл ма фæгæдзæ кæн. Æгæр мыл ма мæт кæн... Хъармы, хæринаджы хæрздæфмæ, зæрдæагайæг сылгойма- джы уындмæ Габойы тугдадзинты ахъардтой уарзты мондæгтæ. Альбом æхгæнынмæ куыд хъавыд, афтæ йын йæ фæстаг сыфты æхсæн ауыдта гæххæтты тыхтон. — Райхал æй, райхал. Уым дæр къамтæ ис... Аннæ стъолыл æрæвæрдта авг æмæ дыууæ агуывзæйы æмæ та цæлгæнæнмæ ауади. Габо райхæлдта тыхтон. Дыууæ къамы дзы. Иуы дзы æры- гон, цинæфсæст сылгоймаг æмæ нæлгоймаг. Нæлгоймаджы Уæрагыл — худæндзаст гыццыл чызг. 37
Æвæццæгæн ай йæ лæг у. Æви йе ’фсымæр у? Æнгæстæ сты. Фæлæ уæд чызг та чи уа?.. Аннæ æрбахаста кæсаг тебæйы физонæгæй, цæхджын джитъ- ритæ æмæ къабуска, сурвых картоф. Габо æваст ницæмæй бафарста Аннæйы. Уый йæм арахъхъæй дзаг агуывзæ авæрдта. — Бахатыр кæн, Аннæ, нырмæ дын мæхи дæр нæма баца- мыдтон. Ды дæр мæ нæ бафарстай æмæ... Мæ ном Габо. Кав- казæй. Ирон. Ныр та арфæйаг у. Цæр æнæнизæй, амондджынæй дæхи фæндиаг, чи дæ уарзы, уыдоны фæндиаг. — Бузныг, Габо... Бакъуырцц кодтой сæ агуывзæтæ. Габо йæ æнæхъæнæй аныз- та, ныккæрзыдта, Аннæ та — æрдæг. Байдзаг та кодта Габойы агуывзæ. Комдзаг скодта, стæй бафарста Аннæйы: . — Бахатыр кæн, мæнæ къамы уый ды нæ дæ? — 0, уый æз дæн. — Æмæ йæд... Лæг та... Лæг та чи у? — Нæхион уыди... йæ уæрджытыл — нæ чызг Светæ... — Мæхи дæр нæ уырны, фæлæ цард цард у æмæ дзы ал- цыдæр æрцæуы... Дæ лæджы,ном Иван у... Ваня? — 0... Цæмæй йæ зоныс? — сылгоймаг фæсонт. — Мæ хорз хæстон æмбал уыди Ваня... Габо æмæ Аннæ Ваняйы рухс ном ссардтой. Нозт сæ хъæлдзæг кæнын домдта. Фæлæ нырхæндæг сты... Æрæджиау Аннæ райдыдта: — Дыууæ азы фæцардыстæм иумæ. Афтæ амондджын мæ фыны дæр нал уыдзынæн. Удæгас адæймаджы та цæрын фæнды — йæхи уæдæ лæг тихалæгау дæр куыд бахус кæндзæни? Ро- стовы цардыстæм. Ваняйы фыдохы гæххæтт куы райстон, уæд мæ зæронд фыд æмæ мадимæ нæхи ардæм æрбаппæрстам. Мæ ныййарджытæ бирæ нал ацардысты. Иунæгæй цы кодтаин? Хæстæй æнæкъахæй чи ссыд, ахæммæ смой кодтон. Уый уыд хылгæнаг æмæ нозт уарзаг. Иу æхсæв æй зыбыты расыгæй æрбаластой... Цы нæ йын арæзтон, дохтыры дæр ма йæм æрба- кодтон, фæлæ бонмæ нал ахаста, йæ зæрдæйæ амард. Æз ам мæ чызгимæ цæргæйæ баззадтæн. Раст уыцы афон уынгæй уатмæ æрбауад иу æхсæз-авдаз- дзыд чызг. Йæ рустæ уазалæй арт уагътой. Мад ын сæ аууæрс- та.*Чызг йæ уæлæйы дарæс феппæрста æмæ йæ мады хъæбысы æрбадти, фынгмæ бавнæлдта. Габойы базыдта: — Мамæ, æз ма ацы лæджы федтон абон. Дукани кæм ис, уымæй мæ фарста. 38
— Хорз чызг дын ис, Аннæ. Æмбаргæ,— Габо йæ арм æрхас- та чызджы сæрыл. Аннæ та Габойы агуывзæ байдзаг кодта, йæхицæн чысыл æркодта. — Рагæй нал банызтон æмæ мын æнахуырæй... — Сылгоймæгтæ дæр ма... — Иу хатт ма дæ хатыр курын, Аннæ... Æз ахст лæг дæн. Æмæ... Фæлæ... — Габо йæ ахсты хабар Аннæйæи радзырдта, Ефимæн æй куыд радзырдта, раст афтæ. Аннæ рамæсты Саулæгмæ: — Æвæдза, нырма зæххыл цъаммар адæймæгтæ цас ис! Габо/ дæ агуывзæ уал аназ æмæ, кæд гæнæн ис, уæд мын Ваняйы тохы тыххæй бæлвырд куы радзурис. — Ваняимæ базонгæ дæн Мæскуыйы бынмæ. Тынг хъызт зымæг скодта. Бадтыстæм уазал акъоппы. Бахæс нын кодтой Первомайскы хъæумæ знаджы фæндæгтæ æрæхгæнын, цалынмæ нæм æххуыс цыдаид, уæдмæ. Иу гæрах дæр нæ хъуысти. Бæстæ мæлæты сабыр нæ ныцци! Æмæ мах дæр нæ устыты тыххæй дзырдтам. Алчидæр нæ æппæлыд йæхионæй. Уый мæм равдыс- та, ныртæккæ цы къам федтон, ахæм. Фæлæ дæ æваст нæ ба- зыдтон. Бахатыр кæн... Ваня дæ йæ сæр бæрзæндты хаста. Уалынмæ знаджы æфсæддонтæ æмвæтæнæй æрбацæйцыдыс- ты. Нæ раздзог Ваня бардзырд радта: «Æрцæттæ кæнут!..» Æз — сержант, автоматæйæхсæг. Мæ хæцæнгарзы дзых сарæзтон иу фашисты риумæ. Скуыстой автоматтæ. Сæ къæр-къæрæй, сармадзанты нæмгуыты сонт цæлхъытæй хæсты быдыр байдзаг и. Знаг йæхи фæстæмæ аппæрста, бирæтæ дзы митыл ныддæлгом сты. Бæстæ та фæхъус и. Сахаты фæстæ арвыл знаджы хæдтæхджытæ фæзындысты, зæххыл та — йæ танктæ æмæ фистæг æфсад. Знаджы иу танк æрбацæйбырыди нæ ныхмæ. Ваня йын йæ бынмæ гранатты баст баппæрста æмæ сау пил- лонæй ссыгъди. Тæккæ уыцы рæстæг нæ цуры бомбæ срæмыгъта. Ваня æрхаудта. Æз акъуырма дæн. Ваняйы сæрыл хæцыдтæн, ныхъхъæрзыдта, цы къам мæм æвдыста, уый’мын йæ риуы дзыппæй сисын кодта, тугæй хъулон. Уæ цæсгæмттæ ма дзы хорз зындысты. Йæ цæстытæм ын æй бахæстæг код- тон. «Хæрзбон, мæ зынæргътæ. Уемæ цæрынæй нæ бафсæстæн. Амондджын ут»,— уыдысты йæ фæстаг ныхæстæ. Цы гæнæн ис. Хæст хæст у... Аннæйы цæссыгтæ йæ уадултыл æрфæд кодтой. Нынкъард и чызг дæр... 39
. — Уæ зæрдæтæ уын фæриссын кодтон æмæ мын ныххатыр кæнут... Хорзæй баззайут,— Габо сыстади. — Фæндараст, Габо. Абæрæг та-иу нæ кæн. Амæй фæстæмæ ды ацы хæдзары зынаргъ уазæг уыдзынæ. 7. Сæрдыгон райдзаст райсом. Хур йæ дзаг цæстæй скаст æмæ йæ рæвдаугæ тынтæ хæхтыл, хъæдтыл, быдыртыл парахатæй байзæрста. Æртæхдзæст хуымтæ цæхæры бын фесты. Цыма сыл сгæллад бамбæрзтæуыд. Хур арвыл куыд уæлдæр тылд, афтæ æртæх сысыд. Æмæ Терчы галиу фарс егъау тъæпæн хуымонтæй базмæлыди. Бав- нæлдтой нартхор рувынмæ. Къæпиты зыхъхъ-зыхъхъ хъуысти. Терчы тæккæ был — Ханийы хай. Æнæхъæн гектар. Аулæ- фыд йæ хуымгæрон. Йæ къабайы дыстæ батылдта, йæ чырынтæ кæрдæн йæ сæрыл æрбаста. Кусгæ-кусын дæр Ханийы фæлмæст зæрдæмæ хуры фæлмæн тынтæ ивылдысты. Цины зæрватыччытæ дзы ахстæттæ быдтой. 0, æмæ куыннæ хъуамæ уыдаид хъæлдзæг, ку^ыннæ хъуамæ æфтыдаид йæ хъаруйыл! Фæззæг ралæудзæн. Йæ фырт Гаги скъолайы къæсæрæй фыццаг хатт йæ къах бавæрдзæн. Йæ лæг Габойы ахсты æмгъуыд фæуыдзæн æмæ æгас хæдзар ссардзæн. Æмæ та сæ чысыл бинонтæ амондджынæй цæрдзысты. Хæрдмæдзогцъиу йæхи арвмæ систа. Уым цыма æрца- уындзæг. Зарыд æмæ зарыд. Нæ фæсус кæны йæ цъæхснаг хъæлæс зарынæй. Уый йæ цинæйдзаг хъæлæсæй æвæллайгæ зарыди Ханийæн, иннæ хуымонтæн. Терчы знæт уылæнтæй гуырыди сатæг уадымс. Уый-иу æрба- улæфыди хуыммæ. Базмæлыдис-иу Ханийы хидæйдзаг цæсго- мыл æмæ дæллагхъуыртыл. Йæ къаба-иу ын адымста, йæ сæрбæттæны кæрæттæ-иу ын батылдта. Стыр урспæлæзджын нау куыд фæленк кæны денджызы, афтæ арвы^ цъæх фурды ленк кодта æврагъ. Хур арвы астæумæ сфардæг. Йæ тæвдæй бæстæ сæнуди. Фæлæ йын æврагъ йæ урс куырæтæй йæ цæсгом бамбæрзта, æмæ зæххыл атылд аууон: цæмæй æнтæфы ма тыхстаид Хани, цæмæй æнтæфы ма тыхста- иккой иннæ хуымонтæ. 1 Изæр æрхъуызыди хæхтæй быдырмæ. Фæллад хуымонтæ къордгай фæраст сты хъæумæ. 40
Хуым адæмæй сафтид. Уæддæр ма Хани куыста: — Æххæст ма мæ хæс кæронмæ ахæццæ кæнон æмæ æз дæр уаед ацæудзынæн. Иунæгæй сфæлмæцдзæн Гаги, йæ сæрыл хаст фæуон... Хани йæ къæпи æфсæйнаг хафæнæй ахафта. Йæ сау бæхы дзылары босыл хæцгæ Саулæг йæ разы куыд февзæрд, уый нæ бафиппайдта. Æмæ сагъдауæй аззади. — Ма мæ фæтæрс,— аразгæ мидбылхудтæй бахудти Сау- лæг.— Хани, демæ мæ аныхасаг ис. Ацы хатт мæм уæд та байхъ- ус. Æз дæр адæймаг дæн. Мæ риуы зæрдæйы бæсты дойнаг дур нæй. Хани йæ къæпийы хъæды кæроныл йæ дыууæ къухæй ных- хæцыд, цыма йæ хæрдмæ фæхæссинаг у æмæ йын дзы йæ сæр æрцæвинаг у, уыйау. — Ныр ды цы цæсгомæй, цы ныфсæй æрлæууыс мæ цуры? Цы зæрдæйæ фæдзурыс мемæ? Цавæр цъаммар уды хицау дæ?!. — Дæ уарзондзинады арты судзын æмæ ма цы дæн, чи дæн, уый мæхæдæг дæр нал зонын. Судзын, о. Æмæ мæ су- дзын ма бауадз. Дæ дзых — дæ тæрхон. Цы зæгъай æмæ дын æз цы нæ сараздзынæн... Мæ фæндыл сразы у. Мæ усы дæр дæу тыххæй... Хани фæбылысчъил: — Ды дæ усы?.. Чи уæ кæй ныууагъта, уый адæм зонынц. Айс дæхи, бауадз мæ кусын!. — Куыстытæ никуы фæуыдзысты, мах та... Стæй райсом дæр ацы къуырийæ, ацы мæйæ у,— Саулæг йæ зонгуытыл æрхаудта.— Дæ уарзтæй мæ æнæ хай ма фæкæн æмæ дын мæ сæр лыгмæ дæттын. Цард дыууæ боны йеддæмæ нæу. — Ды дзы иу бон фæцæрыны аккаг дæр нæ дæ! — Æз дын... Æз дæ... Хани... Цæрæнбонтæм! Сразы у. Æхца дзæвгар æрæмбырд кодтон. Мæ фос, мæ хæдзар ныууæй кæндзынæн. Габо Сыбыры... Сыбыр та Сыбыр у! Дæ фырты дæр уарзын... Иумæ Астæуккаг Азимæ адымдзыстæм. Цард — дыууæ боны! — Мæнæ цæттæ удхæссæг! Лæджы ном сафæг. А зæххыл нæлгоймаджы хъæстæ æппындæр куынæуал уа, уæддæр дæм уарзондзинады охыл æз мæ уæраджы чъири дæр нæ равдис- дзынæн, куыдзы мыггаг... Хани æцæгдæр бæрзонд фæхаста йæ къæпи. Саулæг йæхи иуварсмæ аппæрста, æмæ цыргъ къæпийы фындз зæххы нын- ныхсти. Саулæг йæ бæхыл абадт. Йæ хуыз фæлыгъд, йæ цæсгом Цикъæйау афæлурс, тыхулæфтгæнгæ ма ныртхъирæнтæ кодта: 41
— Багъæц, Ханийы рæсугъд! Æз дын ацы изæр дæ зæрдыл æрлæууын кæндзынæн!.. Хани сыджыты къуыбар фелвæста: — Цæугæ, цъыфхор! — Дæ тæф дæр хъылмайы тæф у. Саулæг йæ бæхы фæрстæ фесхуыста: — Багъæц, багъæц!.. — йæ ехсæй ма йæм æрæвзыста... Æрталынг и. Фæлæ ма ныгуылæнырдыгæй зæрæхсид фæлурс сырх дардта. Хæстæг уыгæрдæнтæй дымгæ скъæфта цъыс-цъыс- æгты хъæлдзæг уасын, фæллад быдырты фæллад комулæфт. Саулæг хъæугæрон йæ бæхæй рахызт æмæ йæ тар хъуыды- тимæ сæргуыбырæй фистæгæй араст. Йæ бæх дæр сæргуыбырæй йæ фæдыл цыди. — Куыд хъахбай разынди! Нæ, уæддæр дзы мæ мондæгты ’хай æнæ байсгæ нæ фæуыдзынæн! Æмæ уæд йæ худинаг йæ дзыхæн къæрмæг уыдзæн. ■ Саулæджы маст цинмæ фæкъул и. — Бахатыр кæн, хорз лæг, уæ куыройгæс кæм цæры? Саулæджы æрбаййæфта иу æнæзонгæ æрыгон барæг æмæ йæ уæлбæхæй афарста. — Лæппу, сымахмæ хъæусовет дæр нæй, хъæусовет?.. — Цæмæн мæ фæрсыс уымæй? — Фыццаг уал адæймагæн, уæлдайдæр та хистæрæн, салам раттын фæхъæуы, салам! Уый-фæстæ йæ бафæрс дæ хъуыд- дагæй. Уæздандзинад æмæ æфсарм хъæды дæр хъæуынц. Бам- бæрстай? — Бамбæрстон,— лæппу асырх и. — Хъæубынæй æртыккаг уынг ранымай æмæ уым. Йæ хæдзар — Терчы тæккæ былыл. — Бузныг. Лæппу йæ бæхы æрцавта, фæлæ йæ Саулæг фæурæдта: — Фæлæуу-ма, фæлæуу?.. Æмæ дæ нæ куыройгæс цæмæн бахъуыди? — Иу стыр цины хабар ын фехъусын кæнон. - 9*у? — Иæ чызг Катяйæн лæппу райгуырди! 1 Саулæг фестъæлфыди: — Катяйæн лæппу?!. О, мæ рафæлдисæг Хуыцау! Дæлæмæ æрхау мæ тæригъæдæй, кæд мын ацы хъизæмæрттæ цæмæн æвзарын кæныс — цы дын кодтон? 42
8. Габойæн йе ’мгъуыды кæрон зынын райдыдта æнæбын арвы тарæй мынæгрухсгæнаг стъалыйау. Уый йын йæ ну- арджын уæнгты фæллад сырдта. Фæлæ та-иу стыхст. Æнæ йæ бинойнаг, æнæ йæ хъæбул ын зын уыди. Фæлмæцыд æрвылбоны иухуызон куыстæй: уалдзæджы дæр хъæд кал, сæрды дæр — афтæ, фæззæджы дæр хъæд кал, зымæджы дæр — афтæ... Хъус хырхы «хы-хы»-мæ, фæрæты къупп- къупмæ, калд бæласы къæс-къæсмæ. Уыциу фæндагыл ацу. Уыциу фæндагыл æрбацу. Уалдзæджы æмæ дæ сæрды дæргъвæтин тæрккъæвдатæ хойæнт. Зымæджы дæ уад, ты- мыгъ хойæд. Ахæстоны хæринагæй фæцъæх и Габойы зæрдæ. Рай- сомæй — æнæсой хъæрмхуыпп кæнæ сысджыйы кас æмæ æрдæгадджын цай. Сихорыл ма сыл стæм хатт бафты кæса- джы, кæнæ дзидзайы къаннæг кæрдих. Уымæй дæр Хуыца- уæн табу. Адæмы цард ныр дæр йæ къахыл нæма слæууы- ди. Рæстæг ма уæззау хаста. Ахстытæн та физонджытæ кæм кодтаиккой! Уæддæр,Габойæн йæ зæрдæ ради йæ хæлар Ефимæй æмæ дуканигæс Аннæйæ. Абæрæг-иу кодта Аннæйы. Иу агуывзæ дæр-иу æм банызта. Хъарм ныхæстæ-иу фæкодта йемæ æмæ та-иу йæ баракмæ, рог къахдзæфтæ кæнгæ, æрфардæг. Æхсæв- иу æй йæ фыны федта. Аннæ йæ цавæрддæр кæлæнгæнæг тыхæй йæхимæ æлвæста... Æмæ та йæм иу хуыцаубоны ацыд. — Аннæ, абон фæлладуадзæн бон у дæуæн дæр? — Нæ, райсомæй мæ хъуыддæгтæ бакодтон æмæ сæрибар дæн. Сæрдыгон бон даргъ у. Мæ зæрды сыхаг хъæумæ товартæ бадавын уыди, фæлæ ныр... — Бахъыгдардтон дæ æмæ мын бахатыр кæн. Æз фæстæмæ дæр ацæудзынæн,— Габо сцæйстад, фæлæ йын йæ уæхскыл Аннæ æрхæцыди. — Бад, дæ хорзæхæй,— бахудт Аннæ. Габо йæ уæхскмæ Аннæйы фæлмæн къухмæ бавнæлдта, йæ дыууæ къухы æхсæн ын æй бакодта. Æмæ дыууæ зæрдæйы тугдадзинтæ æмхуызонæй куыд цавтой, уый хатыдтой Габо дæр æмæ Аннæ дæр. Габо йын йæ къух æвæндонæй суагъта. Аннæ йæ къух æвæндонæй райста Габойы дæрзæг, фæлæ тæвд къухты æхсæнæй: 43
.— Ныртæккæ, Габо, ныртæккæ... Цалынмæ хъарм хæринаг цæттæ кæнон, уæдмæ уал исты акомдзаг кæн. Аннæ йын йæ цуры хус къæбæр, арахъхъы авг, цъæх хъæдындзтæ æмæ цæхх авæрдта. Габо рауагьта дыууæ агуыв- зæмæ дæр.' — Цæй, Аннæ, стыр Хуыцауы хорзæх нæ уæд! Габо йын йæ нуазæн бакъуырцц кодта æмæ анызта. — Аннæ, ды та? — Æз фæстæдæр,— æмæ йæм цыдæр артæндзарæн цæстытæй бакаст. Уыцы сахат Габойæ æппæт дæр ферох... Уарзты цæхæры ссыгъд... Аннæйы чызг Светæ уынджы кæмдæр йæ карæнтимæ хъазы- ди. Сæххормаг. Сæхимæ æрбазгъордта. — Уый ды дæ? — чызг йæхи баппæрста Габойы хъæбысмæ, йæ нарст цæнгтæй йын йæ хъуырыл æрцауындзæг. Уазæг ын йæ тымбыл пух рустæн апъа кодта. Чызг ын йæ рихитæм бав- нæлдта: — Судзинтау ныхсаг. """ Æмæ ныккæл-кæл кодта. Светæйы рæвдаугæйæ, Габойæн йæ цæстыты раз сыстади Гагийы сурæт... Габо дæр æмæ Аннæ дæр фæкъуымæлдзæф сты. Сæ уадултæ арт уагътой. Сæ зæрдæтæ сыгъдысты. Сылгоймаг æрлæмæгь и. Габомæ та æнахуыр цæстытæй бакасти. Габо дæр æм æнахуыр цæстытæй бакасти. Аннæ йæ сæр уазæджы уæхскыл æркъул кодта, йæ ногдаст рустыл ын йæ арм æруагъта. Габо дæр ын йæ цæхæр рустыл йæ арм æруагъта. Ацы дунейы уыцы уысм уыдон уыдысты æрмæстдæр. Аннæ Светæмæ фемдзасти. — Светæ, мæ хур, бахордтай? — Бахордтон. — Бафсæстæ? — Бафсæстæн. — Гъа, къафеттæ дын æмæ уынджы бæлæсты аууон де ’мбæлттимæ ахъаз. Дард-иу ма ацу. — Хорз... Аннæ дуар сæхгæдта. Йæ кофтæйы æгънæджытæ суагъта æмæ йæхи Габойы хъæбысмæ баппæрста: — Ныббар мын ме’рра туг,— æнæбары райхъуыст йæ фæсус хъæлæс, йæ уæнгтæ ныррызтысты.— Ныббар мын... Æмæ йæ тæвд былтæ андæгъдысты Габойы тæвд былтыл. Габо йæ фелвæста æмæ йæ сынтæгыл æрæвæрдта... 44
Хур арвы астæуæй фæцудыдта, фæкъул æмæ дæлæмæ сын- дæггай тулын байдыдта. Габо цыди нæудзар фæндагыл. Цыди æмæ дыууæ хъуыдыйы дондыппыр мигътау йæ сæры схæлбурцъ кодтой. Иу хъуыды йын дзырдта: «Сæрхъæн, ус дын куы ис, сыгъдæгзæрдæйæ дæм æхсæвæй, бонæй æнхъæлмæ куы кæсы, уæд... Æмгары æфсарм дæр фесæфтай, де’ууæнк бахордтай...» Иннæ хъуыды йын дзырдта: «Царды уаг ахæм у: адæйма- джы риуы маст дæр бауадзы, адæймаджы риуы цин дæр бауа- дзы. Ды дæ раст дæр. Ды дæ зылын дæр. Дæ аххос дæр у. Дæ аххос дæр нæу... Царды уаг ахæм у...» Габо дзы иу хъуыдыйæн дæр дзуапп раттын нæ бафæрæзта. Цыди хъæлдзæгæй æмæ æнкъардæй. Цыди уæнгрогæй æмæ уæнгмардæй. Йæ фарсмæ цыди Ханийы сурæт æмæ йын цыма йæ ных бакъуырдта карз уайдзæфтимæ: «Уæууа, уæууа... Цæсгом — армыдзаг æмæ йæ цъыфы сæвдул... Нæлгоймæгтæ, цы фæвæййынц уæ раздæры æгæрон уарзты хъарм æмæ иу- зæрдион ныхæстæ? Сымах уасджытæй уæлдай не стут — æу- уæнк уыл нæй, уыдонау!» «Ныр бынатмæ даргъ фæндагыл цы цæуын? — Габо фе- уæгъд йæ тызмæг хъуыдыты уацарæй.— Фæлтау хъæды æхсæнты комкоммæ тагъддæр ныххæццæ уыдзынæн». Æмæ фæзылди хъæдмæ. Йæ къухы — йæ золочъи лæдзæг. Хъæумæ цæугæйæ йæ йемæ æнæ райсгæ нæ фæвæййы. Хъæды сыгъдæг уæлдæфмæ йæ уæнгтæ маргъы базыртау срог сты æмæ йæ къахайст фæрæвдздæр. Æниу, тагъд’дæр кæдæм кодта. Бонæй ма — бирæ. Фæлæ йæм Ефимы зæрдæ æхсайдзæни. Сыбыр Сыбыр у. Кæд Габо сырдæй дæр æмæ фыдгæнæгæй дæр чи фæтæрса, ахæмы каст нæ кодта, уæддæр. Цыди Габо хъæды тарфы. Иузаман йæ хъустыл ауад цавæрдæр уынæр, æнуд богътæ. Габо æрлæууыд. Хъустæ æмæ цæстытæ фестад æгасæй дæр. Ауыдта: йæ ныхмæ пыхсыты æрбацæйцыд арс. Габо Сыбыры иу æмæ дыууæ арсы нæ федта ныронг, фæлæ дзы дæлæ уыцы бур арсæй егъаудæрыл нæма сæмбæлди. Раст æндарæны хаст галы йас! — Ам хъуыддаг хорз нæу,— Габо бæрзонд, къабузджын бæласмæ скасти.— Сбырдзынæн ма йæм. Мæ лæппуйæ-иу ахæм бæласы цъупмæ гæдыйау бæргæ стæррæст ластон. Фæлæ мæ уым дæр куы нæ ныууадза... Лидзон — фыддæр... 45
Фæлæ йæ уайтагъд адзалы тас бæласы сæрмæ æд лæдзæг! сæргъæвта. Арс йæ дæндæгтæй фæлæбурдта бæласы зæнгмæ,,' йæ цъарæй йын рарæмыгъта. Сбырыныл афæлвæрдта. Метр, ! дыууæ метры онг-иу тыххæйты сбырыд, фæлæ æгæр уæззау уыд æмæ йæхи нæ фæрæзта. Габо фæныфсджын и, фæлæ йын æртæхау атад. Арс йæ ^ тыхджын дзæмбытæй бæлас уигъын райдыдта, дыргъбæлас куыд фæуигъы, афтæ. Габойы бирæ нал бахъуыди зæххыл йæ тъæпп фæцæуынмæ. Дыууæ къухæй ныддæвдæг къалиуыл: «Ай, сæфгæ куы кæнын, сæфгæ! Ардыгæй куы асхъиуон, уæд»... Арс уыгъта æмæ уыгъта бæлас. Фæлæ йæ амæддаг куы нæ хаудта, уæд бавнæлдта бæласы зæнг дæндагæй æхсынынмæ. — Гъе ныр мын фервæзæн нал ис,— Габойы уæнгтæ алæмæгъ сты.— Хъæбысхæсты мæ бацæуын хъуыд йемæ. Бынмæ хизын райдыдта. Уалынмæ бынмæ æркаст æмæ ног диссаг: арсыл амбырд сты бирæгътæ. Дыууæ къуыбырхъусы. Габо фыццаг хатт федта арс æмæ бирæгъты хыл. Арс-иу куы иу бирæгъмæ фæлæбурдта дæндагæй, куы — иннæмæ. Бирæгътæй йæм чи иуырдыгæй къæпп кодта, чи — иннæрдыгæй. Арсы дзых-иу айдзаг бирæгъы хъуынтæй. Бирæгъты дзыхтæ та-иу айдзаг сты арсы хъуынтæй. Тугæй цъæх кæрдæг асырх- ахъулон и. Богътæ кæнгæ, уынæргъгæ, тугдзых сырдтæ кæрæдзи ассæстой хъæды арфмæ... Ефим ын йæ хабæрттыл иуæй худгæ фæкодта, иннæмæй та йын — тæрсгæ. Йæ уæхск ын æрхоста: — Мæ хæлар, æндæр хатт дæ иунæгæй нал ауадздзынæн. % Æрыхсæв. Ханийы æлхæд тетрæдтæй иуыл Гаги кърандасæй фæхæххытæ кодта. Сфæлмæцыд. Йæ мад ын йæ дзаумæттæ раласта, уат ын бакодта. Сывæллон уайтагъд афынæй. Хани бонæй гæрзтæ ныхсадта. Иту æвæрын райдыдта. Ахæм фæтк æм уыди: кæддæриддæр-иу гæрзтæ куы æхсадта, уæд-иу йæ лæджы дзаумæттæ дæр æнæ ныхсгæ нæ фæци, кæд ын сæ иудадзыг итувæрдæй дардта, уæддæр. Загъта-иу: . — Уадз æмæ адæм нæ кæрты бæндæныл нæлгоймаджы ног æхсад дарæс ауыгъдæй уыной. Уадз æмæ адæм æнхъæлой: Габо хæдзары ис. Æмæ та ныр дæр фыццаг йæ лæджы хæдоныл сæвæрдта иту. Йæ уæлæ йæ скодта. Æмæ дзы банкъардта Габойы буары 46
æхсызгон хъарм. Афтæ йæм фæкасти, цыма йыл Габо йæ цæнгтæ æрбатыхта. Афтæ йæм фæкасти, цыма йын Габо æрбахъæбыс кодта. 0, о, афтæ-иу æм фæкасти. Хани йæ итувæрд дзаумæттæ бафснайдта æмæ загъта: — Афон у фæллад суадзынæн дæр... Уалынмæ чидæр дуар æрбахоста. Хани фестъæлфыд: — Ацафон чи цы агуры? Къæсæрыл лæууыди Саулæг, йæ дæлармы — дьшджыр тых- тон. Ханийы къæмисæнты дзæхст-дзæхст ссыд. Йæ цæстытæ аууæрста: ныр ацы æлгъагæн цы чындæуа? Йæ ныфс куыд æрба- хаста, цы цæсгомæй æрбауæндыди? Куыдзау æй фæтæрид, фæлæ ирон лæг фыдæй-фыртмæ* йæ къæсæрæй йе знаджы дæр, æнæ мидæмæ рацу зæгъгæйæ, никуыма аздæхта... — Айонг кæм æрбацыдтæ, уым æххæст мидæмæ дæр рахиз... — Бузныг. Уæ салам бирæ,— Саулæг йæ тыхтон рудзьш- джы тарвазыл æрæвæрдта. Æрыхснырста, схуыфыд. Йæ дзыппæй сырх-дæргъытæ къухмæрзæн систа æмæ дзы йæ фындз æмæ йæ былтæ асæрфта. Йæ бухайраг худ йæ уæраджы фæтас- æныл æрцауыгъта. Фæтæген цырагъы рухсмæ йæ гæмæх сæр сырхбын насау сæрттывта. Йæ цæстытæ разылдысты хæдзары къуымты, ног чъырæйцагъд къултыл, сæхи цадæг систой цармæ, уырдыгæй æрхаудтой пъолмæ, батахтысты фынæй Гагийы сынтæгмæ, писийау андæгъдысты Ханийы хуыздзыд, фæлæ кæлæнгæнæг уадултыл, аивæй æртылдысты йæ къуыбыр риу- тæм, уыдоныл иудзæвгар афæстиат сты, æмæ сылгоймаджы къуыпп синтæй тонын нал куымдтой... Саулæджы кæрæф зæрдæ фестъæлфыди, сдудыдта, бахауд- та зындоны арты: «Ехх, ахæм буарæй æнæ хай. Ехх, ахæм зæд дæ хъæбысы ма бадæд. Цæй, кæд æй цæххæй æрсаин. Бæрзонд рындзæй æнæрцæф сычъийæн æнуд бон коммæ суадонмæ æнæ ’рцæугæ нæ вæййы. Хани кæдмæ фæраздзæн æнæ лæгæй? Кæдмæ калдзæн йæ судзгæ мондæгтыл дон!.. Сылгоймаг цацатæ уарзы, бибитæм бæллæг у. Уыдонæй йын кæд йæ зæрдæйы хивæнддзинады мæсыг ныссæттин, кæд ын йæ зæрдæ балхæнин. Æгæр хивæнд ма куы уа, уæд æз... Табу Хуы- цауæн, хъару ма мæм ис...» — Ацафон хæдзармæ цæуын нал æмбæлд, уæлдайдæр æнæ лæг хæдзармæ, æмæ дæ кæй бахъыгдардтон, уый тыххæй мын бахатыр кæн,— арæхстджын сылгоймагау Саулæг цыллæ æлви- сын райдыдта.— Куыстытæ — къубалмæ. Айразмæ дæм мæхи тынг æнæуагæй равдыстон æмæ дæм æрбацыдтæн... Хани йын йæ ныхас æрдæгыл фескъуыдта: 47
— Уæд дын цы нæ бантыст, уый ныр сæххæст кæнынмæ?.. — Раст мæ нæ бамбæрстай, Хани,— йæ хъæлæс бынтон фæфæлмæндæр Саулæгæн.— Æз дæм... Хатыр курынмæ æрба- цыдтæн, хатыр курынмæ... Ныббар мын... Бирæгь фысы царм куы скæны, фысы уаст куы байдайы, уæддæр фыс не свæййы, бирæгъæй баззайы. Ацы ирон æмби- сонд Ханийæн амонын нæ хъуыди. Саулæг хъæддаг сырд нæу. Чи зоны йæм адæмы хъæр фехъуысти. Чи зоны, æцæгдæр йæхи- уыл æрхудти, йæ фыдракæндтыл æрфæсмон кодта. Хъæддаг сырд дæр ма, дам, куы сахуыр вæййы. Саулæг та лæджы худ куы хæссы. Адæймаг куы у. — Æз дæ разы тынг аххосджын дæн,— Саулæг йæ тыхтон райхæлдта. — Мæхи нæ раст кæнын. Фæлæ æз æмæ дæу æхсæн цы хъаугъа рауад, уымæн цæмæй йæ кой дæр мауал уа, уый тыххæй дын мæ зæрдæйы сыгъдæгдзинадæй мæнæ ацы зæлдаг къаба æмæ æрттиваг туфлитæ лæвар кæнын. Мæнæ хуыцаубоны Калачы уыдтæн æмæ сæ уым балхæдтон. Адон та дæ фыртæн... Саулæг къафетты къопп æмæ лæвæрттæ Ханимæ бадаргъ кодта. Æнхъæлдта: ныртæккæ сæм Хани фæлæбурдзæни, ныц- цин сыл кæндзæни. Фæлæ сыл уый йæ былтæ акъуырдта, йæ цæсгом фæтар и: — Бузныг дæ зынаргъ лæвæрттæй, дæ хорз æрхъуыдыйæ. Фæлæ дæхицæн дзæгъæлы базын кодтай.— Æз сæ аккаг нæ дæн. Æндæр искæмæн-иу сæ ратт. Уый æнхъæл нæ уыди Саулæг. Цыма йын йæ былтыл судзаг цывзы асæрфтæуыд, уыйау фæци. Иæ сæр æркъул и: нæ сæтты Хани. Нæ дæтты ком. Саулæг хæлафы дзыппæй сырх æхцатæ скалдта: — Мæнæ адон дæр... сымахæн... Мæ уарзтæн мын уарзтæй... Хуымæтæг уарзтæй иу чысыл дзуапп... — Уый тыххæй нæ ныхас быдыры алыг и. Де ’хцатæ бафс- най. Дæ лæвæрттæ батух. Ныр æнафон у... Саулæг ныссуйтæ. — Уæдæ мын цы кæнынмæ хъавыс, дæ зæрды цы ис? Æнæ ус, æнæ бинонтæ... Мæ сыгъдæг уарзт зæххæй сисынмæ дæр... — Уарзт циу, уый ды зонгæ дæр нæ кæныс,— Хани та дым- сын райдыдта мæстæй.— Ды никуы уарзтай! Ды никæй уарз- тай! Ды уарзтæй хъазæнхъул сарæзтай. Катя — зæд. Йæ иунæг бакаст дæр — сылгоймаджы аргь! Æмæ ахæмимæ чи нæ баф- æраёзта цæрын, уый ма кæимæ бафæраздзæни? — Уæдæ афтæ у? — Саулæг та раздæры Саулæджы хуыз райста. — Уæдæ дæм æндæр дзуапп нæй? 48
— Нæй æмæ нæ уыдзæни! Саулæг æнæнхъæлæджы йæхи Ханийыл баппæрста. Фæсайд- Та йæ Хани. Саулæг йæ фарс стъолы тигъмæ бахаста, фæлæ ма уаеддæр Ханийæн ацахста йæ къух, сыздыхта йын æй. Хани ныхъхъæрзыдта. Саулæг ын йæ къаба æррæмыгъта. Сылгоймаджы урс риутæ фегом сты. Саулæджы сау зæрдæ бынтондæр схъазыд. Йæ былтæй йын æвналы йæ уадултæм, дæллагхъуыртæм, риутæм... Ханийы уæнгтæ æрлæмæгь сты. Ныхъхъæр кæнынмæ хъавы- ди, фæлæ йын Саулæг йе стыр дæрзæг армæй йæ дзых ахгæдта. Сынтæгмæ йæ ласы. Сылгоймаг ныццæхгæр и: «Сæфын, мæ худинаджы хъæр... Нæ, æз Габойы цæсгом нæ фæчъизи кæндзынæн...» Хани йæ фæстаг тыхтæ æрбамбырд кодта. Саулæджы къухыл дæндагæй ныххæцыд. Феуæгъди. Саулæг йæ лæвæрттæм фæлæбурдта æмæ дуары æдде фæци. Фæстæмæ ма иу здæхт фæкодта: — Мæрдты та мын кæдæм аирвæздзынæ.„ Гаги æнцад фынæй кодта, фæлæ фехъал. Йæ дыууæ къухæй йæ дыууæ цæсты аууæрдгæйæ скуыдта. Хани йæ цуры æрбадт. Гаги æрсабыр: — Хани, абырджытæ æрбахъуызыдысты? Фæтарстæ сæ? Æз куы сыстыр уон, уæд-иу сæ æрцахсдзынæн æмæ-иу сæ фæнæмдзынæн. Ма сæ тæрс. — Дæ Хани дæ фæхъхъау фæуæд. Афынæй кæн, мæ хъæбул, афынæй. Гаги та афынæй. Хани хъæццулы бын йæ фарсмæ æрхуыс- сыд. Йæ сæр ын йæ риумæ нылхъывта. Сагьæстæ йæ сæ уæл- ныхты систой. Дызæрдыджы ахæсты фæци: «Хъаст кæнон Сау- лæгыл æви куыд? Æвдисæн — нæй. Ноджы хъæуы хицау — йæ хæстæг. Мæ ныхасыл мын нæ баууæнддзæни. Зæгъдзысты адæм, йæ лæджы йын æрцахста æмæ йыл ныр тугтæ мысы, йæ дза- умæттæ дæр барæй ныскъуыдта, зæгъгæ. Цы бон мыл ныккод- та, ме ’намонд сæр цытæ æвзары?..» — йæ зæрдæ суынгæг Ха- пийæн æмæ хæкъуырццæй ныккуыдта... Уыцы æхсæв уынджы фæцæйцыди Суфрæт. Йæ фыды æфсымæр ацы сыхаг уыд. Иæ лæппу Суфрæттæм фæци уаз- æгуаты æмæ йæ сæхимæ скодта ныр. Афæстиат дзы ныхасыл æмæ æнæфоны здæхти сæхимæ. 4Махдуг№ I, 1999 49
Габоты кæртæй Саулæджы тагъд-тагъд рахизгæ куы ауыд-, та, уæд йæхи æрæмбæхста кауы рæбын. Саулæг йæ рæзты æрфардæг и. Суфрæт йæ фæдыл акаст: «Ам цыдæр ис. Дзæгъæлы нæ уыди Саулæг Ханимæ. Ханиты рудзынгæй ма рухс кæлы. Æвæццæгæн, Саулæг йæ хъуыддаг бакодта... Йæ рагон мондæгтæ суагъта... Бирæ фæцæр, Саулæг, мæ уарзоны байсæгæй мын мæ мæстытæ кæй исыс, кæй дзы хынджылæг кæныс, уый тыххæй. Габо куы ссæуа, уæд ын æз йæ хъусы бацæгъддзынæн...» 10. Иннæ ахстытæ бынатмæ аивгъуыдтой, фæлæ ма Габо æмæ Ефим уæддæр хъæд калдтой. Дыууæ бæласы ма æмæ сæ уыдон дæр æййафдзысты. Райсом — хуыцаубон. Уалынмæ хъæдыл фыццаг тæнæг фæлм æрбадти, стæй та — сау бæзджын нымæтау сау бæзджын мигъ. Цæст хорз нал æвзæрста. Габо æмæ Ефим бæлас акалдтой. Бæлас йæ даргъ къалиуæй æрхуыссыди талайыл. Гъа ныр асæтдзæн тала, ныр ныкъкъæрцц кæндзæн йæ зæнг, зæгъгæ, афтæ йæм Габо ба- уад: «Æвгъау у зæфцы фыдæй фесæфынæн. Дыууæ цæфæн къалиу акъуырдта, тала сындæггай йæ сæр сисха. Фæлæ Га- бойы зæнгыл цыргъ фæрæт æрбауади, æнæбонæй ныхъ- хъæрзыдта æмæ ма фæкодта: — Оу, фесæфтæн!.. Аппæрста фæрæт, æрбадти зæххыл. Ефим æм базгъордта: — Цы дыл æрцыд?.. Йæ цырыхъхъ ын фелвæста. Туг дзы ацахст. Йæ къах ын æруыдта. Фæрæты фындз стæджы нынныхсти. Магъз ма фæхъыгдард уæд — зындæр æмæ æрæгмæ дæр дзæбæхгæнæн у уæд хъæдгом. Тæссагæй дзы ницы раиртæста Ефим. — Тыхсгæ ма кæ, мæ хæлар, адзæбæх дæ кæндзыстæм. — Уæллæгъи, Ефим, адæймаг æнамонд куы уа, уæд æм фыдбылыз фæнычы зæйæ дæр кæсы! Къахы рис сæрмæ ныццавта. — Дæхиуыл фæхæц, гормон. Домбай куы дæ... ’ — Домбай кæддæр бæргæ уыдтæн. Ныр мæ хъару бадон — куыстæй нæ, сагъæс æмæ мæтæй. Æмæ тæрхъус дæр нал дæн... I Хæсты нæмыг йæ зæрдæйы бынты риуæй ахызти. Терчыхъæ- уы ауыгъд хиды раз фыдгæнæджы кард ауад йæ цонгыл. Куын- нæ фæрысти Габо уæд. Фæлæ йын йæ зæнджы цæф йæ дудгæ бонтæ айрох кæнын кодта: 50
— Цæй æнарæхст дæн. Кард, дам, къæдзилыл асаст. Уыцы ирон æмбисонд ныр мæныл æрцыд. — Уый дæ фындз гогызы лукъайау бынтон куы æруагътай! Ефим цæф расыгъдæг кодта, цавæрдæр кæрдæг æрбадавта, хъæдгомыл æй аныхæста, йæ мидæггаг хæдонæй гæбаз раскъуыдта æмæ дзы Габойы зæнг бабаста: — Ныр туг фæлæудзæни. — Уый цы бакодтай? Дæ хæдон... — Бирæ ма дзур. Бад, æз ма калд бæлас ахсæдон. Мигътæ æндзыгæй хуыссыдысты хъæдыл, уалынджы дымгæ æрбадымдта цæгатырдыгæй æмæ мигъты бындзыггай хæссын байдыдта. Ефим лæдзæг ацарæзта. Габо йе ’нцæйтты цæуыныл аф- æлвæрдта, фæлæ нæ арæхст. Уæд Ефим балæууыд йæ дæларм. — Ницы мын у... Мæхæдæг... Мæхæдæг... — Къаддæр дзур! Дымгæ тынгæй-тынгдæр дымын райдыдта. Ныхситт-иу лас- та. Нынниудта-иу, йæ гæндзæхтæ цагъта. Зæронд, æмбыдзæнг бæлæсты къæрцц-иу фæцыди. Габойæн дымгæ йæ сæрæй йæ худ фелвæста æмæ йæ фæцæйскъæфта. — Ды уал ам банхъæлмæ кæс,— Ефим Габойы пæлæхсар ныллæг бæласы аууонмæ йæ хъæбысы хæссæгау бакодта.— Æз ныртæккæ... Æмæ худы фæстæ ныббындз и. — Ныхъхъуытты йæ уадз! Ефим лæф-лæфгæнгæ раздæхт æд худ. — Худы хæррæгъы тыххæй дæхи тухæнæй цæуыл амард- тай? — Нæ, мæ хæлар, ам худ зын ссарæн у. Тыхтæй-амæлттæй сæ бынатмæ бахæццæ сты. 11. Сæрд фæззæгмæ йæ даргъ æмæ рыг фæндагыл æрбахæццæ. Йæ зынг тынты тых лæмæгъ кæнын байдыдта. Йæ бур ахорæнæй рæгътæ æмæ быдыртæ ахорынмæ бавнæлдта. Карчы цъиутæ бахъомыл сты. Сбæззыдысты æргæвдынæн. Кæркгæс сылгоймаг дзы æхсæвгæс ацæргæ лæгæн цалдæр ныр- гæвдын кодта. 51
. Кæркгæс-иу къуыдырвых карк æнæхъæнæй гæххæтты ба- тыхта æмæ йæ æхсæвгæсы къухты фæсагъта: — Уый та дæ рынчын бинойнагæн мæнæй. Лæг дисы бацыд: «Ауал азы иумæ кусæм, фæлæ йæ афтæ рæдауæй нæ зыдтон. Цы йыл æрцыд?..» Рæстæг æмбисæхсæвмæ фæхæстæг. Уæддæр ма уаты бад- тысты кæркгæс æмæ Саулæг. Къулрæбын сынтæджы хуыс- сæнтæ æнæфснайд, куыдфæндыйæ кæлдтытæ. Чысыл раздæр уырдыгæй æхсызгон фæлладæй рахызтысты Саулæг æмæ кæркгæс. Ногæй та фынгмæ æвналынц. Иунæг сыкъа банызта сыл- гоймаг æмæ ныссырхи. Лæгæн та дзы æфсис нал уыд. — Ма ма тагъд кæн... — загъта сылгоймаг. — Нæ мæ æвдæлы! Æз, мæ дзæцц, æхсæнады лæг дæн, æхсæнады! Сомæхсæв дæр та... Хуыцауы фæрцы... Арв ферттывта, ныггыоар-гыбур, ныццæлхъытæ кодта, цыма кæмдæр уырдыджы Елиайы æндон уæрдæттæ атылдысты, уыйау. Æмæ уæд тæрккъæвда фемæхсти. Саулæгæн уайтагъд йæ нозт æрбайсæфти. Дзылары бос фидар æрбалвæста, ехсæй бæхы фæрстыл ралæууыд. Арв æввахс ныццавта. Зæхх æмризæджы ныррызти. Бæх фæтарст, йæ фæстæгтыл алæууыд, йæхи уыциу æппæрст акодта размæ. Сау- лæг саргъæй расхъиудта. Йæ къах æгъдæнцойы фæфидар и. Бæх æй йæ фæдыл хæр-хæргæнгæ аскъæфта. Æвзæрæн, дам, йæ амонд — йæ хъахъхъæнæг. Йæ къах феуæгъд. Фæтæррæст ласта йæ тæвдæй Саулæг. Бæхмæ ма бæргæ фæдзырдта йæ номæй, фæлæ ма йæм уый иу зынд фæкодта арвæрттывды рухсмæ. Цы гæнæн ма уыд Саулæгæн: фистæгæй цæуын æй бахъуыд. Тæрккъæвда банцади. Мигътæ фæпырх сты фæйнæрдæмы- ты. Бонвæрнон арвы риуыл бæрзонд стылди. Рæхджы сбон уы- дзæни. Саулæг донласт каркау хуылыдзæй, фæхтыхостау æрбацы- ди сæ хæдзармæ. Йæ дзаумæттæ раласта æмæ сæ тыргъмæ рап- пæрста. Йæ цæсгом æмæ буар — сауцъæхтæ, йæ сæр — ныкъкъуызыртæ. -^- О, мæнæ цы бæллæхтæ æвзарын, мæнæ! — йæ къух йæ сæры. къуызыртыл æрхаста.— О, мæнæ иу сæрхъæн сылгой- маджы тыххæй доны къусы сæфт куыд кодтон! 52
12. Габойы къах фæдзæбæх и. Лагеры йын æм дохтыр зылд. Ёфим та йын кæрдæджытæй хостæ кодта. Æдæрсгæ йыл ауади. Æмæ та хуыцаубоны — Сыбыры йæ фæстаг хуыцаубоны ~- Аннæйы абæрæг кодта. — Хорзæй баззай, Аннæ. Æз рæхджы... Мыййаг нын фем- бæлынæн фадат куынæуал фæуа... Ам, Артемовойы хъæуы, мæ зæрдæйы æмбис ныууадздзынæн... Аннæ та загъта: — Ды цæуыс. Сæрибармæ... Бæргæ, куы лæууыдаис ам. фæлæ дын — цæттæ бинонтæ.,Ды цæуыс æмæ мын мæ зæрдæ æнæхъæнæй дæр ахæсдзынæ Ирыстонмæ... Аннæ Габойы хъуырыл ныттыхсти, ныккуыдта хæкъуырццæй: — Фæндараст... — Хорзæй баззайут, Аннæ... Светæ... Чи зоны, искуы ма кæд фембæликкам Хуыцауы фæрцы... 13. Æрæгвæззæг Ирыстоны хурджын ахæссы. Арвы цъæх тыгъ- дады урс тынтæ тæнæг æврагъы бындзыгтау цадæг змæлыдыс- ты. Бур-цъæх быдыры сæрмæ хърихъуппытæ, хъырриугæнгæ, тахтысты. Хурæн йæ балц ахицæн æмæ æрфысым кодта Хъæриуы чъыл- дыммæ. Иу хатт ма йæ цæст хохы уæхскæй æрбадардта æмæ сойын цырагъау атади. Фæсхæхтæй хус мигътæ сæхи бæрзонд систой æмæ сырххъулæттæ адардтой. Быдыр-быдыр фæндагыл æрбацæйцыд иу æнæдаст лæг. Алырдæм зыд цæстæй фæлгæсыд, хъæрзæгау-иу арф ныуул- æфыди: «Куыд адджын дæ, райгуырæн зæхх... Куыд уар- зон!..» Быдыр кæддæры хуызæн фыдхъуын быдыр нал уыд. Аца- фон-иу фæззыгæнды æвзартæй цъæх нæ дардта. Суанг-иу на- ртхор дæр нæма тыдтой. Æрмæст-иу ацафон мæнæу найгонд фесты. Ныр хъæмпы рæгьтæ хуымы астæу нæ — фæндаггæрæтты арæнхъ сты. Нартхорæй дæр далæ бирæ тонинаг нал ис... Йæ райгуырæн быдыры конд æмæ уаг кæй фендæр сты, уый Царды ног комулæфт бауагъта фæлмæст бæлццоны риуы. Цин кодта бæлццон. Цин кодта быдыр дæр. 53
Быдыргæрон сæрвæты хызтысты галтæ фæззыгон тауыл. Сае гæс сабыр хъæлæсæй йæхицæн зарыди. Фæлæ кæйдæр æндæрг талынггæрæтты куы ауыдта, уæд фенцад, ахъæр æм кодта: — Кæцы дæ? — Æз дæн, æз!.. — Уый ды дæ? — йæ хъæлæсæй йæ уайтагъд базыдта галгæс — Уый æз дæн. — Æгас цу, Габо! — Дæ фос бирæ, Бибо! — Æгайтма сæрæгасæй раздæхтæ. — Куыд уыныс, афтæ. Бузныг. Къобор галтæ, æвæццæгæн, Габойы йæ ныхасæй базыдтой: дыууæ лæджы размæ æрбацыдысты æмæ сæ-иу Габойы къух йæ дæрзæг æвзагæй асдæрдта, иннæ та йын йæ фарс йæ сыкъайæ ахафта рæвдаугæ. Габо сывæллонау ныццин кодта: — Мæ къобортæ! Мæнæ ма мæ дзæбæх къобортæ! Йæ хызыны дыууæ дзулы уыди Габойæн. Иу дзы систа, дыууæ дихы йæ фæкодта æмæ йæ галтæн радта. Габо бахоста Саулæгты кулдуар. Æнæзонгæ сылгоймаг æм ракасти: — Нæ дæ хъуыды кæнын. Бахатыр кæн,— фæкуыддæрау Габо. — Æз Саулæджы æмхæрæфырт дæн. Мидæмæ рахиз, хорз лæг. — Фарн ам уæд... Саулæг уæлгоммæ хуыссыд. Йæ сæры бын — дыууæ пух базы кæрæдзиуыл æвæрдæй. Йæ нывæрзæнырдыгæй бандоныл — хостæ, дыргътæ æмæ æхсыры агуывзæ. Саулæджы цæсгом — бурвæлурс. Йæ уадулты стджытæ ныццыргъ сты. Йæ цармы бампылди кæддæры хæрзхуыз лæг. Йæ цæстытæ мидæмæ бахаудтой. Йæ ныхас йæхимæ дæр рæстмæ нал хъуыст. Йæ риуы хæр-хæр-иу ссыд. Йæ сынтæджы бын — тас. Куы-иу схуыфыд, уæд-иу уырдæм нытту кодта. Æдзух йæ къухы. — къухмæрзæн æмæ-иу уымæй йæ ных, йæ былтæ ас- æрфта. 1 Габойы куы ауыдта, уæд йæ зонд фæхæццæ. Йæ сæр фæхъил и, фæлæ фæстæмæ йæ бынатмæ æрхаудта. Ие ’взаг йæ комы; бандзыг. Габо йын фæлмæн ныхасæй загъта: 1 54
— Æнæниз’у. Саулæг аздæхт сылгоймагмæ: — Уазæгæн ма бандон... Габо æрбадти Саулæджы фарсмæ. — Мæн аххос нæ уыди. Налат рæстæг... Уæддæр мæхи дæ разы азымджын хонын, Габо. — Нæ, æз дæ ницы аххосджыныл нымайын. Дæхи загъдау, рæстæг тызмæг уыд. Æмæ адæмы сызнæт кодта. Адæм — мæг- уыр. Дæ бæрнон хæс æххæст кодтай... ’ , — Уæдæ цы бакодтаин? Мæнæй дæр куыст домдтой... — Дæ бынаты æндæр исчи дæр афтæ куыстаид. Бæрн бæрн у... — Раст мæ æмбарыс, раст!.. Саулæг та фырхуыфтæй бацъæх и. Габо йын зæрдиагæй фæтæригъæд кодта. Фæндаггон хызыны ком та райхæлдта, æнæдзургæйæ дзул æрæвæрдта Саулæджы раз бандоныл. Уый йæм ныдджих: — Нæ хъæуы... — Сынæниз у. Мæ фæстæ уæм фарны уазджытæ цæуæнт,— Габо йæ хызыны ком бабаста. — Арфæгонд у, арфæгонд! Мæ тæригъæдтæ мын цыма сис- тай, афтæ мын фенцон... ■ Габо сæхимæ куыд фæцæйцыд, афтæ амбæлди Суфрæтыл. — Де ’хсæв хорз, Суфрæт. — Чи дæ, чи? Куынæуал дæ хъуыды кæнын? — Ау, кæддæр дæ хъиутæ кæуыл хордтай, уый дæ куыд тагъд айрох? Нæ, ды никæй уарзтай,— хъазæгау загъта бæлццон.— Уый та дын сылгоймаджы уæлæнгай зæрдæ, гъе!.. — А-а-а! Уый ды куы дæ, ды, мæ хæдзарыл! Габо! Æцæгдæр дæ нал базыдтон! Мæ мадыстæн. — Уæдæ дæ æз та дæ къахистæй, дæ цыдæй дæр базыдтон. — Æгас цу, Габо, æгас! — Амондджын у, Суфрæт. Сылгоймагæн иуæй хъыг уыди Габойы раздæхт, иннæмæй та йын æхсызгон уыди. Ныртæккæ йын аппæлдзæни, Саулæ- джы сæ хæдзарæй æхсæвы рацæугæйæ куыд федта, уый. Габо цæхæртæ скалдзæн æмæ Ханийы хъиладзагъдæй фæтæрдзæн. Уæд, чи зоны... Фæлæ йын æй æваст куыд зæгъа. Уæд æй уырнгæ дæр нæ бакæндзæни. Фæлæ йæм Габо йæхæдæг дæгъæл радта йæ мысæггаг чъизиты дуар бакæнынæн. Афар- ста йæ: — Куыдтæ цæрыс? Хани та куыд у, нæ-иу æм бауадтæ? 55
— Дæ арфæтæй цæрын. Хани та... Бухъхъытæ кæны. Йæ сæр бæрзæндты хæссы... Габо фæтарцæсгом. Фæлæ Суфрæты нæ фæурæдта. — Мæ хуызæттыл ма кæм æрвæссы. Иу æхсæв æй, зæгъын, р абæрæг кæнон, дæуæй йæ афæрсон... Фæлтау мæ уæраг куы асастаид, мæ цæстытæ куы рахаудтаиккой... Габо бынтон нырхæндæг... Суфрæт фæхъус и: — Цæй, хæрзæхсæв. Амондджын бон сæмбæл... — Дæ ныхас æрдæгыл цы фескъуыдтай? Гъы, гъы, уагæр цы федтай ахæмæй, уæрагсастæй ирвæзт? — Нæ, нæ, мæ мадыстæн. Цæйнæфæлтау мæ дзыхæй... Нæ, нæ, дæхæдæг æппæтдæр базондзынæ... Æз ныхæстæ радавба- давгæнаг нæ дæн. Хæрзæхсæв... Габо Суфрæты къух æрцахста, дзæбæх ын æй нылхъывта. — Дæумæ хъусын!.. — Уауу, мæ къух! Æз... нæ! Фæлтау ме ’взаг ахауæд! — Дзур!.. — Хорз хабар дын нæ зæгъдзынæн. Мæнæй йæ нæ фехъуыс- тай. Ныронг æй мæ дæлæвзаг дардтон. Уыцы æхсæв сымахмæ куы бахæццæ дæн, уæд... Ныууадз мæ, цæй, Габо, мæ бон йæ зæгъын нæу, тухæнæй мæ мауал мар! — Нæ дæ ныууадздзынæн! Зæрдæхсайыны бæсты цыфæнды дæр... — Уæд мæ рæзты уыциу сыффытт аласта... -Чи? — Саулæг... Сæ хæдзары дыууæ рудзынгæй мынæг рухс калди. Гъа ныр дуар йæ сæрыл бахæсса, зæгъгæ, афтæ йæхи фæурæдта, йæ галиу къухæй рахизыл ныххæцыди: «Сæртæг ми аив нæу. Раздæр уал хъуыддаг сбæлвырд кæнын хъæуы»... Нади пырдта ногæлвыд къуымбил. Æмæ нæ бафиппайдта, Габо хæдзармæ куыд æрбацыд, йæ фарсмæ куыд æрбадт, уый: ’, — Бахатыр кæн, Нади, хуыснæджы бырст дæм кæй æрба- кодтон, уый тыххæй. Мæ маст мæ æрбахаста йæ разæй... Нади йæ цæстытыл нæ баууæндыд... — Уый Габо куы дæ! Габо, дæ фæхъхъау фæуон,— йæ къух 56
ьш зæрдиаг ист ракодта. — Куы нæма æрбахæццæ дæ, уæд та дын чи цы адзырдта... Æмбаргæ сылгоймаг бафиппайдта йæ уазæджы катай, йæ цаестыты тызмæгдзинад: «Уый дзæгъæлы нæу. Кæйдæр марг æвзаг та скуыста...» Бафарста йæ: — Габо, уæхимæ нæма уыдтæ? — Нæма. Комкоммæ дæумæ æрбацыдтæн. — Æмæ раст бакодтай, Нади дæ фæхъхъау фæуа. Афтæ карз цæмæн дæ, уый, мæ хур, дам-думгæнæджы марг æвзаджы фæхъæстæйæ у. Дæ фыдыстæн, афтæ нæу?.. — Нæ зонын, Нади. — Уæдæ, Терчыхъæуы чысыл нæй дæлæ Суфрæты хуызæттæ. Цардхалджытæ ахæмтæй фæзæгъынц. — Кæд не ’фсинимæ уыцы цъаммар æцæгæй дæр... — Цытæ дзурыс уый?.. Де ’фсинмæ уыцы цъаммар тыхми кæнынмæ цы æхсæв бацыд, уымæн йæ дыккаг райсом Хани нæ хæдзары мæнæн йæ хабар радзырдта. Æппындæр ыл нæ фæгуы- рысхо дæн. Æддæкъах сылгоймаг бæрæг вæййы йæ ныхасы уагæй дæр. Йæ фезмæлдæй дæр, йæ цыдæй дæр. Ханийы сыгъдæгæй ныууагътай, сыгъдæгæй йæ сæййæфтай. Мæнæ ных- æстыл куыд фæдæн. Замманай сау бæгæны нæм ис... Афæззæджы Гаги скъолайы къæсæрæй фыццаг хатт йæ къах бавæрдта. Ныр цыдæртæ тетрады фыста. Хани йын йæ хылы- мылы фыстытæм каст æмæ йын æхсызгон уыд, йæ фырт зæрди- агæй кæй архайдта, уый. — Ныр фынæй кæнын хъæуы, Гаги,— Хани йын уат кæнынмæ бавнæлдта. Дуар æнæрбахойгæйæ, Габо æрбахызти къæсæрæй. Ханийы къухæй баз æрхаудта. Ус æмæ лæг кæрæдзимæ кæсынтыл фес- ты. Гаги йæхи йæ фыдмæ баппæрста. Габо йæ йæ къухтыл фел- вæста. Ханимæ уæззаугай бацыди. — Габо! — ус ныттыхсти йæ лæджы æфцæджы. — Хани,— лæг æй æрбахъæбыс кодта... Сæ дард уалдзæг сæм ногæй йæ мидбылты бахудти. 1977 аз. 57
НÆКУЫСА ТЫ Наирæ НОГАМОНД ИРОНЫ НОМ ХÆССЫН Паддзахæн райгуыры сæдæтæй Æрмæстдæр иу, цæмæй зæххыл Йæ рæсугъд, рухстаугæ хъæлæсæй Ныннæра фарны уац дæрдтыл. Тыхæй, хъару æмæ æхсарæй Паддзахы бадæны аккаг Уыдысты бирæтæ, цагъарæй Хызтой сæхи — æдзух дзырддаг. Уæд тох хъуыддагыл кодтой, цардыл, Ныр та цæуыл, бæрæг дæр нæй. Нæ калдтой цъыф сæ дзырдыд ардыд Сæ бон уыд райгуырын лæгæй. Уыдысты карздæр уæд æгъдæуттæ, Уыдысты талынгдæр нырæй, Фæлæ зæххыл паддзахæн гуырдтæй Нæ абоны æмбал дæр нæй. ИРОН ÆГЪДАУЫ ТЫХ Фæзонын æз, куы фехъусын кæцæйдæр: «Цу раст фæндагыд царды у хъæддых!» Сæрдыгон хуры хъарм тынтæй фæлмæндæр Кæй у æрмæст ирон æгъдауы тых. Нæ вæййы хатгай уæлдæфæй бæрæгдæр, Фæлæ та ногæй февзæры зæххыл. Æмæ та мæнæ, банкъарын, æцæгдæр Кæй кæны тых ирон æгъдау мæныл. У стыр циндзинад райгуырын иронæй, 58
Фылдæр хатт царды разынын хъæддых. Фæлæ мæ зæрдæ амæлдзæн фæсмонæй, Куы фесæфа ирон æгъдауы тых. ФÆФÆНДЫ МÆН, КУЫ ФЕСТИН АМАЗОНКÆ Фæфæнды мæн, куы фестин амазонкæ, Æд хотыхтæ æфсæдтимæ хæцин. Ныккæнин искæй ’рыгон зæрдæ онггай Цыргъ арцы комæй, чи зоны, тæрсин. Фæлæ тæхин мæ базырджын æфсургъыл, Мæ фырцинæй æз нал æнкъарин зæхх. Æнæтæрсгæйæ аленк кæнин фурды, Æрбатухид мæ хъарм хъæбысы æрх. Нæртон Ацæмæзфегуырид мæ цуры. Йæ уадындзæй мын зарджытæ кæнид. Йæ хъæлдзæг зард æнкъард хъуыды кæй суры, Уый банкъарин, йæ зарæг æй зæгъид. Фæлæ мæ арц нæ ахауид дæлæмæ, Фæлæ мæ цыргъ фат не суаид æдых. Куы бахъара рæсугъд зарæг зæрдæмæ, Уæддæр уыдзæн йæ бон уæвын хъæддых. Нæ атайдзæни, не ссудздзæни артæй, Æмбæхст æрцæудзæн сусæггаг фæндон, Мæ урс æфсургъ нæ æрлæудзæн йæ тахтæй, Зæххон дуне мын баивдзæн æрвон. НЫККÆС МА МЫН МÆ ЗÆРДÆМÆ Ныккæс ма мын мæ зæрдæмæ, куыд судзьс Фæцæйхуыссы, фæлæ та ссудзы ног. Фæкæс ма мын мæ аууонмæ, куыд хъуызы Æдзух дæ фæдыл — уа дæ фæндаг рог. Ыскæс ма мын мæ цæстытæм, сæ цады Æлутон суадон, ануаз дзы гыццыл. Кæс-ма, фыцы дæ зæрдæ дæр, кæд хаты, Кæй райгуырд абон ног амонд зæххыл. 59
НÆ КÆНЫН ХЪÆР ÆЗ Нæ кæнын хъæр æз: «Судзы бæстæ, Ныссуйтæ мадæлон æвзаг»_ Нæ кæнын æз бæрзонд ныхæстæ,— Нæ фыцы уазал дзырдтæй аг. Цы сараздзæн мæ ныхас, дардæй Куы кæнон хъæр — фæдис, фæдис! Цы пайда ис,— куы лæууон сагъдæй, Куы лæууа ’нæ амадæй сис? . Цы дзурын, уыдон та зæрдæйæ,— Уæддæр ироны ном хæссын. Хуыздæр, хуыздæр цардмæ бæлгæйæ, Æз ныр, гыццыл поэт, кæуын. Нæ дзурын æз: «Уыдысты нартæ, Æз дæн алайнагæн фæдон»... Нæй исæн афтæ ’нцонæй бартæ,— Уыдысты уыдæттæ ызнон. Цы ис нæ абоны та? — Ницы. Фылдæр ран, стæм рæтты, кæмдæр Нæ хурзæрин йæ тынтæй ’лвисы Рæсугьддæр цард, бæрзонд къæсæр. Фæлæ мæхæдæг та, мæхæдæг? Кæм и мæ райдзаст тын мæнæн? Куынæ аразай хур дæхæдæг, Уæд дзур мæлгъæвзагæй — кæмæн? 60
РÆМОНТЫ Геор БÆЛЛИЦ Зæрдæ схъыг и сæрдæй,— Сау æнуд дзы цас ис! Искуы ма дæ кæртæй Митуаргæйы ахиз.~ Сулæф арф йæ сатæг, Æмæ атæх маргьау Урс æвзæны цадæг,— Д’алыварс та — аргъау- 1998 азы 8 август 3-йæн Мæ уд хæцы дæ уарзтыл, Дæ нымдхудгæ былтыл, Тыхфыдæбоныл, мастыл, Нæ фыдæлты бынтыл, Фæцу æмæ æрцуйыл, Кæрдзый æмæ цæххыл^ Мæгуыр йæ бон, æрдуйыл Кæй уд хæцы зæххыл. 10.05.1998 30-æм АЗТЫ ÆНÆСÆР СÆРКЪУЫРТÆН Цы ма уа мах цардæй фыддæр! Фæлæ замантæ уыд фыддæртæ: Кæмæн нæ уыд йæхиуыл сæр,— Къуырдта нæ хуыздæртæн сæ сæртæ. 61
* * * Фыдæбæттæ, фыдох æмæ фыдæх,— Уæ хъазинаг, уæ амæддаг — нæ сæртæ... Уæнгвæллад дæ кæд тынг бавæййæм, Зæхх, Уæддæр дæуæй нæ бафæллайы зæрдæ! * * * Царды рухсмæ рухс æфтауын де хæс у. Ног боны фарн ног фæндтæ æрхæссы... Зонæм: хур æппæт адæмыл не ’ххæссы, Сау тар ма дæлзæххыл дæр æххæссы. * * * Мæ цард æвирхъау нывтыл карст: Мæ ныфс уæ фарны фæрцы н’асаст, Хуыцау, мæ ныййарæг, мæ уарзт, Æмæ уæ нывондау уæм — м’ахаст! 1997 * * * Æддæг-мидæгуад — уаз урс æмæ сау,— Сæ иуæн дæр нæй царды скондæй рафтæн: Æмбал дын нæй, дунескæнæг Хуыцау, Ыстæй ма де сконд дунейæн дæр афтæ! 1997 * * * Музафермæ гæсгæ Æнцон цардæй къобор галау — дæ хуыз. Æз та уырыд дæн сау цардæй, æгæр рыст... Кæй къух нæ райсин иунæг хатт дæр æз, Ды уый дæлфæдтæ алы бон ысдæрыс. 62
ЗÆРОНД СЫВÆЛЛОН «Уæхорзæхæй, зæгъут-ма, адæм, Лæппу ма дæн æви лæг дæн?..» Гаджиты Барис Хæрдмæ фæцыдтæ кæд бæрзонд, Уæддæр дæ асмæ æз цы бæллон?! — Дæ бакастмæ гæсгæ — зæронд, Дæ фæрстытæм гæсгæ — сывæллон. 1992 ДИАЛОГ Хъантемырæн — Æнæ аиппæй рауадзын æдзухдæр Мæ уацмыстæ,— нæй æфсон æрхуымæн! — Кæй сæм бакæнынц цалдæрæй сæ къухтæ, Нал сæм вæййы къухбакæнæн уымæн! 63
ГАДЖИТЫ Илас ГОКЪОРЫ КЪААОЗ Радзырд 1961 азы Хетæгкаты Къостайы помыл паддзаха- дон педагогон институтыуырыссаг-ирон хайад мемæ каст чи фæни, уыдоны ном дзы арын. фсæрæгаты Кæрæфбег бæллæхы лæг уыди, бæллæхы. Иу бынаты афæдзæй фылдæр кусын нæ фæрæзта, æмæ йын бæстыл иунæг къуым дæр æнæ сгæрстæй нал баззад. Суанг ма далæ ду- нетæн æмбисонды Байконуры дæр балæууыд æмæ дзы кос- монавттæн æвзаргæ хæринаг кодта. Уæдæ Мæскуыйы Стыр театры дæр акуыста билеттæ уæйгæнæгæй. Сабыр фурды тыгъдады уыд кæсагахсæг. Мæнæ Науыры сау зæххыты та хистæр фыййау. Фæлæ бонтæ цыдысты æмæ куыдфæстæмæ комикон ар- тистæй агæпп ласта. Зылди хъæуи хъæу клубтыл æмæ хæда- хуыр фысджыты пьесæтæ æвæрдта, стæй иуактон комедитæ-иу йæхæдæг дæр ацъапп ласта. Абоны хуызæн æй хъуыды кæнын, Кæрæфимæ куыд базонгæ дæн, уый. Иу фæззыгон хъуынтъыз æнад бон нæм ахуыры фæстæ аудиторимæ æрбацыд нæ институты клубы хицау Пъæрæпъыф æмæ барджынæй загъта: — Айфыццаг драмон къорды номхыгъды кæй мыггæгтæ ныффыстон, уыдон ам баззайæнт, ныртæккæ нæм зындзæн ног режиссер. Куыддæр уый ацыд,.афтæ, цыма йæ исчи фæсдуарæй æрбап- пæрста, уыйау къæсæрыл æрбасхъиудта, фæкалд æмæ йæ хæмхудтæ размæ бахаста, фæлæ рог йæ къæхтыл алæууыд иу æнахуыр лæг. Ныхъхъæр кодта: — Базонгæ уæм! Æз — Ичъийы фырт Гокъор, комикон ар- тист, хъазыдтæн Ирон театры. Уыдтæн усгур Гаци, стæй Бæдæлæг, уый фæстæ Хабос, уый разæй Тарапункæ. Æмæ æндæртæ. Абонæй фæстæмæ худдзыстæм æмæ кусдзыстæм иумæ! Æз уын æгас æмæ дзæбæх куы уон, уæд фыдæбонæй 64
уыдзыстут уæ хурхы къубалмæ! Мæ бæрæгбæтты даргæ ном у Кæрæфбег, мæ мыггаг та Æфсæрæгатæй. Кæрæф нæ алкæмæн дæр лæгæй-лæгмæ йæ къух райста, стæй дын йæ цъынд цæстытæ дæрдтыл ахаста, æмæ хин худт бакод- та, дæргъвæтин ныхас ауагъта: — 0, йæ рыг мын скæла нæхи Пъæрæпъыфæн! Аргæ та уæ кæм скодта, уæ Хуыцауы хатырæй, аргæ? Мæнæ ацы хæрза- маддзæсгом чызг цæттæ Асиат у нæхи Елбыздыхъойы «Дыууæ хойæ», уæртæ уыцы зылын-мылын фындз лæппу — Касалы тæккæ фырт. Йæ ных мын Сократы ныхау къуыпп кæмæн у, уыцы хæрдмæгаст — Тæтæрхъан, йæ фарсмæ бадæг фарстон нысан — Гаци, нæхи Саулохты Мухтары «Усгур»-æй. Уæртæ уын хæлиу- дзыхæй чи ныффынæй, уый та кæд æмæ Хъуынцелы бакодта цæрмыстыгъд. Цæваг ^уæныджы каст чи кæны, уыцы лæгуын лæхъуын — Мукара. Иæ фарсмæ мæхийас къибыздо — Пупæ, йæ сæр ног къориау æмдымбыл кæмæн у, уый — хилдасæг. Иу- дзырдæй, нæ авналæнтæм гæсгæ нæ бон у уыциу рæстæг цалдæр спектаклыл кусын, фæлæ уал нæ хъаруджын тыхтæ бавзарæм Саулохты сæхи Мухтары «Усгур» æмæ Брытъиаты нæхи Ел- быздыхъойы «Дыууæ хойыл». Рагацау уын æй хъусын кæнын: чидæриддæр уæ репетицитæм цухтæ кæна, уый мæнæ æз чи у, æз, уый æнæ пенси фæкæнджæн. Фæ-кæн-джæн! Мах хъæрæй ныххудтыстæм. Уый Кæрæфæн йæ тъæнгтæ ацагъта, хус топпыхосау срæмыгъта: — Цæуыл мыр-мыр кæнут? Æз цы дзурын, уый хæрзæу- уылдæй дзурын! Сымах бæгуыдæр пенси исут, уымæн æмæ нæдæр кусгæ кæнут, нæдæр — ахуыр. Бон-сауизæрмæ далæ проспекты дыууæрдæм лекка кæнут, æнæхæдзæрттау! Æз уæ æрцахуыртæ кæндзынæн, æрцыбыртæ, æрцамæдтытæ! Æр-тым-был-тæ! Æдылы цынæ бакæндзæн! Æмæ уыцы æртхъирæнты фæстæ нæ цин æрхæндæгæй раивта. Режиссер ахæм хъуамæ уа? Не стипенди æнæуи дæр дыууæ туманы йеддæмæ нæ уыд, ма- мæлайы къæбæры фаг тыхтæ-амæлттæй кодта, æмæ нæ ныр æцæг маст бауагътой Ичъийы-фырт Гокъоры æртхъирæнтæ. Фæлæ дзы махæй тынгдæр та тарст Пъæрæпъыф. Иу фа- раст путы æнæ иу джиранка хъуаг чи ласта, уыцы къæдзæхы йас лæг ахæм тæппуд æмæ æнæныфс уыдзæн, уый æнхъæл ни- куы уыдыстæм. Бырцхойæны йас Гокъор-иу æм куы бауырдыг, клуб уазал æмæ æнæфснайд цæмæн у, зæгъгæ, уæд-иу уымæн йæ хуыз фæлыгъд, кæсагау ма-иу йæ дзых æмырæй фæхæлиу- фæхæлиу кодта, науæд-иу кæмдæр амбæхст. Дыууæ мæймæ нæ Кæрæф æцæгæй дæр æртæйы æнæстипенди фæкодта, афтæмæй 5 Махдуг№ I, 1999 65
йæхицæн та æхцайæ бафсис нæ уыд. Махæй дарддæр ма йьщ драмон къордтæ уыд æртæ раны. Мах-иу алы дыццæг æмæ майрæмбоны дæр боны дыууæ сахатыл гуппарæй йæ размæ рацыдыстæм. Трамвайæ-иу тых- улæфтгæнгæйæ æрттиваг сау сæрак цырыхъхъыты, галифе хæла- фы рагæпп ласта Ичъийы фырт Гокъор. Къæвда боны-иу йæ цырыхъхъытыл уыд къалозтæ конд. — Судзгæ æнæрай дæ счындæуæд! — йæ бырынкъ-иу ыл акъуырдта нæ худæджы къæбæл Цъырцъыр.— Æнæбакæнæг фæу — иу бон уæддæр баулæф, йе та иу хатт рынчын уæддæр фæу! Цымæ ма зæххыл амæй æнаддæр лæгæн скæнæн ис? Удхæссæг æй аскъæфа! Е-мы-нæ! Кæрæф-иу йæхи ницыхъусæг скодта: нæхи Цъырцъырæн лæгъстæйаг уыд — сæйраг фæлгонцты йын уый хъазыд æмæ йын куы фæтæргай уыдаид, уæд йæ фыдæбæттæ сæфтысты. Æмæ ныл-иу йæхи хъæргæнæг скодта: — Æ, лодыртæ! Лидзынвæнд та скодтат, и? Æз уын ам дæн, ам, стæй мæнæ æз чи у, уымæн дурты бын дæр амæлæн нæй. Клубмæ, клубмæ, клубмæ! Иннæ майрæмбоны нæм премьерæ ис. Пре-мье-рæ! Афтæмæй рæстæг дæр цыд æмæ фарн дæр йемæ хаста, уæдæ нæ хаста. Мæнæ та Гокъоры размæ æмбырдæй рацыдыстæм, Пъæрæпъыф йæхæдæг нæ сæргъы, афтæмæй. Фæскъæвда хур йæ зынгцæстæй ныккаст, æмæ мах дæр нæхи уаллæттау раи- ваз-баиваз кодтам. Ичъийы-фырт ацы хатт цыдæр æрæгмæ зынд, æмæ нын Пъæрæпъыф лæгъзтæ кæнынмæ фæци: — Фæлæуут, уæ хорзæхæй, ма алидзут. Уымæн, дуне иннæрдæм куы сфæлдæха, уæддæр æнæфæзынгæ нæй. Бахъæцæм. Бахæрдзæн мæ, аныхъуырдзæн мæ! Æз уын мæхи хардзæй шикъалад къафетты килæ æмæ тамакотæ æлхæнын. — Дæлæ ма цы трамвай ссæуы, уым нæй, зæгъгæ, уæд а- лæппу æрбадæлдзæх уыдзæн,— бартхъирæн кодта нæ «траги- кон актер» Хъæлфæн æмæ йæ пæлæз йе уæхскмæ сæппæрста. Фæлæ уæдмæ трамвай схæццæ, æмæ дзы Гокъор шампай- наджы къæрмæгау æддæмæ расхъиудта. , — Клубмæ, клубмæ! — цæхгæр фæзылд.— Хæлиудзых! — бауырдыг Пъæрæпъыфмæ.— Алы хатт мын сæ мæ размæ цы ракæныс, цыма дын сæ цæсты рухс дæн! Кæс-ма ацы къутумæ! ’ Клубы хицау йæ дынджыр сæр дæлæмæ æруагъта, стæй дын æвиппайды йæ уæхсчытæ хæрдмæ фæхау-фæхау кæнын куы райдаиккой. 66
— Мæгуырæг, хæкъуырццæй кæуы,— батæригъæд ын кодта Дсиаты ролы хъазæг дæргъдзæсгом чызг Рæхимæт. — Æгъгъæд фæуæд цагъайраджы цардæн! — ныййазæлыд Хъæлфæны трагикон хъæлæс— Мæ фæдыл! Размæ! Барри- кадæтæм! Йæ хъæдын кард йæ фæсронæй сласта Хъæлфæн æмæ йæ ных ресторанмæ сарæзта чехаг бæгæны нуазынмæ. Уалынджы дын райхъуыст Пъæрæпъыфы кæл-кæлæй ху- дын. ^ — Иæ зонд фæцыд,— сабыргай загъта хæрдмæгаст Хъай- сын.— Сыгъдæгæй, йæ зонд фæцыд. Мауал æм кæсæм, сбæттын æй хъæуы. Мæ мадымады æфсымæры лæппуйы каис дæр æвип- пайды афтæ фæзондцух æмæ йæ æррадоны фæмидæг кодтой. — Æрра дæхæдæг æмæ дæ бинонтæ! — фæхæпп æм код- та Пъæрæпъыф, стæй йæ дæнгæлтæ амонæн æнгуылдз дам- бацайау ныддардта Ичъийы фырты къæхты бынмæ. Мах йæ фæдыл нæ цæст ахастам æмæ дын дæлæ æнахуыр диссаг: Гокъоры къæхтæй иуыл уыд сау айдæн сæрак цырыхъхъ, йæ уæлæ къалоз конд, йæ иннæ цырыхъхъ та кирзæ цы- рыхъхъ, стæй æнæкъалозæй. Худæгæй артæнхæлдтæ код- там уæдæ цы. Гокъор трамвайы фæдыл ныййарц æмæ йæ дзыхыдзаг хъæр кодта: — Трамвай бауромут! Мæ къалоз! Къалоз дефицит у! Туркæй мын сæ сластой! Иуцасдæр трамвайы фæдыл фæтахт, стæй бафæллад æмæ, йæ хид сæрфгæ, нæ размæ æрцыд. Куы ’рсабыр стæм, уæд нæ цыппар лæппуйæ арвыста Цæнгæт хид æмæ вагзалмæ. Æртыккæгæм номыр трамвайты хъуамæ се ’ппæты дæр баджи- гул кодтаиккам. Æвæццæгæн нæ алкæмæн дæр йæ цæстытыл уад Ичъийы фырты къалоз. Афонмæ бандоны бын бамбæхст æмæ оффытæ кæны, цинæй мæлы, Гокъорæй фервæзтæн, зæгъгæ. — Ехх, ныр уый ссар, уый æмæ йын раст ахæм ныуудай, мæнæ йæ донгæмттæй дыууадæс кæфойы куыд акæла! — загъ- та нæ иу æмæ та ныл æмхуызонæй худæг бахæцыд. Æртыккæгæм маршрутыл цыд æдæппæтæй æртæ трамвайы, фæлæ дзы иуы дæр къалозæн йæ кой, йæ хъæр нæ разынд. Уæдæ ныр куыд кæнæм, цы кæнæм, зæгъгæ, хъынцъым кодтам. — Гокъоры ма мæ бар бауадзут, æз дзы ныртæккæ быдзæу сараздзынæн,— загъта Хъæлфæн. Нæ къæсæрæй мидæмæ уæнтæхъилæй куы бахызтыстæм, уæд йæхи фæразæй кодта, асиныл уæззаугай сценæмæ схызт æмæ 67
Ичъийы-фырты ракомкоммæ йæ къухтæ дæлæмæ тæфæрфæсгæнæгау æруагъта æмæ уынгæг хъæлæсæй загъта: — Рухсаг уæд дæ намысджын къалоз. Йæхицæй уæздандæр нæ уыд. Фæстаг хатт ма йæ уæлæуон хъизæмайраг царды фед- та ирыхъæуккаг зæронд лæг Къомайты Гагихъан. Кæйдæр куыдз, дам, æй йæ быны скодта. Æвæццæгæн дын сойæ сæрст уыд мидæгæй æмæ йæ хæрзад сæрак дзабыр фенхъæлдта. Уастæн йæ бинонты сæртæ куы бахæрид! Кæрæф, уый курæг дæ стæм æмæ де ’ннæ къалоз сойы хъæстæ мауал фæкæи. Хъæлфæны ныхæстæм мах тыхурæд пыррыччытæ кодтам. Кæрæф нæм фæдзагъултæ кодта, стæй фæссценæмæ йæхи айс-, та тамако дымынмæ. Иууылдæр фæхъус стæм. Бартæ йæхимæ райста Цъырцъыр: — Æндæр фыдбылыз ныл ма’рцæуæд! Нæ рынтæ йæ фæдыл æфтыд фæуæнт. Уыциу-уыциутæй ахъазæм. Базон-базои, æдде сырх, мидæгæй — урс. — Мæймæбулкъ. — Æддейы сау, мидæгæй сырх. — Къалоз! — Цæуы, цæуы, фæлæ бæстæм нæ хæццæ кæны. — Авдæн. — Дуду къуыппыл кæрæф цъиу. — Студент. — Йæ бын — дæрзæг, йæ фарс фæлмæн? — Къалоз! —ныхъхъæр кодта Касалы-фырт.— Нæхи Ичъийы фырты къалоз! — Къалоз дарæг уæ мауал уæд! — æрбайхъуыст Кæрæфы цъæхснаг хъæлæс. Стæй мæнæ йæхæдæг æррадзæфау сценæмæ ратахт, стъолы бынæй йæ сидзæр къалоз фелвæста æмæ йæ рудзынгæй фехста. Цыхцырæджы бын уарыны дон кæдæм кæлы, уыцы æфсæйнаг стыр мигæнæны къалозæн йæ пæллахъ куыд фæцыд, уый фехъуыст. — Æз уын уæ мæгуыр удтæй схъаздзынæн! Мæнæ æз чи у, уый уын, уый уын ...— Бартхъирæн нæм кодта нæ уарзон ре- жиссер æмæ нæ изæры авд сахатмæ клубы фæдардта. Йæхæдæг дæр сæхимæ тынг мæстджы’нæй здæхт Ичъийы фырт. Нæ йæ уырныдта, æмæ трамвайтæй искæцыйы йæ къалоз ма.разындаид, уый. Уæдæ цы фæуыдаид?! «Ссардтой йæ æмæ ’ йæ фыддæрагæн бырæттæм аппæрстой!» — хъуыдытæ кодта йæхимидæг. Фæлæ ма йæм уымæй ноджы стырдæр бæллæх кæй æихъæлмæ каст, уый кæцæй зыдта, бецау. 68
Гокъор сæ дуармæ бахæццæ ис. Уынджы бæгæныйы боцкъайы алыварс бирæ адæм æрæмбырд. Сæ иутæ уæдмæ уыдысты расыг, æмæ æххормаг родты уаст кодтой. Гокъор сын бауайдзæф кодта æмæ уæд фæхъус сты, фæлæ куыддæр фæау- уон, афтæ та ныййæлæлæй кодтой Сосейы зарæг. Гокъор тыргътæм схызт æмæ дын мæнæ æнахуыр диссаг: абондæргъы йын уыйбæрц маст чи бавзарын кодта, уыцы æнæхайыры къалоз, æрттивгæ сау сæрак цырыхъхъыл кондæй йæхицæн æнцад лæу- уыд фæсдуар. Лæг йæ къæхтæм æркаст æмæ хъæрæй ныххудт. фыр тагъд-тагъдæй йын цырыхъхъытæ фæивддзаг сты. Гокъ- ор-иу хъæууон клубтæм цæугæйæ дардта кирзæтæ, горæты та- иу цыд хъыс-хъысгæнгæ хром къахыдарæсы. — Цæй, афтæ дæр рауайы,— йæ ком аивæзта Кæрæф,— райсом мæ раджы Даскъофмæ цæуын хъæуы æмæ баулæфон. Фæлæ ацы нæл бæхтæ мæ рудзгуыты бын кæдмæ уасдзысты?.. Иу хатт ма сын зæгъон, стæй милицæ сæ хос. — Адде ут ардыгæй! — рудзынг бакодта æмæ сæм дæлæмæ иыдздзырдта Гокъор. Иу расыг хъæлæс ын дзуапп радта: — Дæ мадыл зæронд къалозтæ куынæ кæнис, хорз лæг! «Æвæццæгæн æгас горæт дæр мæ къалозы хабар базыд- той»,— фегуырд Гокъоры сæры. Телефонмæ бауад, хæтæл фелвæста, фæлæ бастдзинады ахъаззаджы фæрæз чырынау хъусæй лæууыд. «Æхца бафидын та мын сæ ферох æмæ та йæ ачъепп ластой,— стъол тымбыл къухæй æрцавта Кæрæф.— Ацы расыггæнджытæн исты мадзал хъæуы, æндæра ардыгæй рай- соммæ оло-ли кæндзысты». Цæлгæнæнмæ бауади. Нозты аф- тид æвгтæ дзы цалдæр уыди, фæлæ сæ уыдоныл фехсын нæ бауæндыд, уæд та сæ искæмæн’исты уыди! Йæ сæры ног хъуы- ды февзæрд. Гокъор цырыхъхъæй къалоз рафтыдта, рудзынг уæрæх бай- тыгъта æмæ йæ йæ тых, йæ бонæй фехста, æрдиаггæнгæ зарæг чи амыдта, ууыл. Рудзынг ахгæдта æмæ æнхъæлмæ кæсы, уæдæ цы уыдзæн, зæгъгæ. Расыг адæм сæ зарын фæуагътой, кæйдæр дæдæй сæ ссыд. Гокъор фырцинæй скафыд. Фæлæ йæ цин бирæ нæ ахаста: минут дæр нæма рацыд, афтæ рудзынджы æвгты дзыгъал-мыгъул ссыд, æмæ авджы згъæлæнтимæ туркаг къалозæн дæр уаты бæстастæу йæ тъæпп фæцыд. Стæй хъæба- тыр Сосейы байзæддæгтæ дурадзагъдæй ралæууыдысты иннæ дыууæ стыр рудзынгыл дæр æмæ сæ уайтагъд æрбырон ластой. Гокъор удаистæй сынтæджы бынмæ бабырыд. — Мæнæ мæхицæн цы бæллæх бакуыстон! — йæ сæрыл, уæлгоммæ хуысгæйæ, дыууæ къухæй ралæууыд. 69
Расыг адæм сæхицæй разыйæ баззадысты æмæ, Хазбийы зарæг хъыллистæй заргæйæ, апырх сты. Гокъор сынтæджы бынæй рал- æсыд, къулыл конд къæлиндармæ скасп 17 октябрь 1958 аз. — Фæлтау дæу дæр куыйтæ куы бахордтаиккой,— къалоз къулыл ныццавта. Æмæ та Ичъийы-фырты сæры февзæрд раздæрæй ногдæр хъуыды: цæуа æмæ йæ иннæ къалоз мигæнæнæй сласа. Разгъордта уынгмæ, трамвайы багæпп ласта æмæ уайсахат институты кæрты балæууыд. Ссардта, къæвдайы дон хæдзары сæрæй кæцæй калд, уыцы цыхцырæг. Мигæнæнмæ дзæбæх не ’ххæссыд æмæ йæ къæхты бын агуыридуртæ цалдæр авæрдта, йæ пинджак фелвæста, йæ хæдон феппæрста, æмæ смаггæнаг доны хъавгæ байдыдта йæ къалоз агурын. — Мæнæ и,— бацин кодта Кæрæф, къалозы тигъыл йæ къух куы аныдзæвыд, уæд. Ныр ноджы стырдæр дойнаг дур авæрдта йæ къæхты бын, цæмæй къалозмæ хуыздæр ныххæсса, уый тыххæй. Схызт дурты рæдзæгъдмæ æмæ та йæ даргъ цæнгтæ доны ауагъта. Дыууæ æнгуылдзæй фæхæст къалозы хъусыл, фæлæ йæхи нал баурæдта, размæ фæуæз кодта æмæ сæрбынмæ чъизи доны йæ тъыллупп фæцыд. Тыхтæ-амæлттæй йæ къæхтыл слæууыд æмæ йæ сæрыл доны цъæх хъуынатæ систа. Хæфс йæ тæккæ фындзы комкоммæ донæй скаст æмæ хъæлæсы дзагæй фæдисы уастæй ныууасыд. Гокъорæн йæ удæй йæ мидæг бын- тондæр ницуал аззад, афтæмæй ныхъхъæр кодта: — Сæфын! Фæдис! — æмæ та фæдæлдон. Йæ хъæрмæ æхсæвгæс фæзынд, мигæнæнæй йæ сласта, адзырдта телефонæй, æмæ Гокъоры уайтагъд милицæйы балæууын кодтой. Донласт гогызы цъиуау уыд раст. Йæ пинджакы дзыппæй зынд къало- зы фындз. Лæгæн уазалæй йæ гæртт-гæртт цыд. Исты йын куы уа, зæгъгæ, йæ милицæ аластой тагъд æххуысы дохтыртæм. Ам æй иу къабазджын сылгоймаг йæ уæрагыл дыдагъæй æрхуыс- сын кодта æмæ йæ дзæбæх куы ’рылхъывта, уæд йæ хъæлæсæй смаггæнаг дон цыхцырæг ныллæууыд. Гокъорæн зынгæ фен- цондæр, йе’муд æрцыд. Дзурынхъом куы фæцис, уæд дохтыртæн ракодта, йæ цырыхъхъ дзы æд къалоз куыд байрох æмæ уый адыл цы бæллæхтæ баййæфта йæ сæр, уыцы хабæрттæ. Уыдон дæр ыл сæхи худæгæй схастой. Райсомæй йæ хæдза- рыл сæмбæлд. Æмæ диссæгтæ: уыцы бонæй фæстæмæ Гокъор быкдуронæй аивта йæ царды уаг. Æрсабыр, æрчырыстон, не ’нувыд æрдхорд сси, суанг ма нæ кæмæндæрты се стипендитыл дæр бафтауын кодта цалдæргай сомтæ. Уалынджы дын ус куы ракурид æмæ йын æртæ фаззоны 70
куы райгуырид — дыууæ лæппуйы æмæ чызг. Фæлæ йе ’мбисæндтæ ууыл нæ фесты. Ног комеди та ныффыста, иуар- хайдон. Йæ ном «Къалоз». Кæмдæриддæр æй æвдыста, уырдæм æм адæм хæррæтт кодтой. Кæрæфæн радтой нæ республикæйы культурæйы сгуыхт кусæджы ном, чысыл фæстæдæр та сси Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист. «Къалоз» иуактон комедиты /Еппæтцæдисон конкурсы бацахста фыццаг бынат. Кæрæфæн адæмон артисты ном куы лæвæрдтой, уæд уым уыдыстæм мах дæр, кæддæры драмон къорды уæнгтæ. Æмæ æрмæстдæр уæд базыдтам Кæрæф-Гокъорæн йе’цæг ном. Фæлæ уæддæр мыггагмæ нæхи Гокъорæй баззад. Балхæдтам ын дыу- уæ фæлысты туркаг къалозтæ, сценæмæ схызтыстæм æмæ, нæ лæвар цы къоппы уыд, уый куы райхæлдтам, уæд адæм иууылдæр сыстадысты æмæ нын тыхджын къухæмдзæгъд сарæзтой. Гокъор нын йæ сæрæй ныллæг акуывта, алкæмæн дæр нæ зæрдиаг хъæбыс акодта, æмæ йæ рустыл цины цæссыгтæ æруадысты.
ТÆЛМАДТÆ Аполлон МАЙКОВ ЕМШАН Емшан, дæрзæг кæрдæг, мыдау Дæ хæрздæф адджын у æдзухдæр. Зыны мæм зæххы тыгъд нывау Дæ фæрцы рухс арвæй рæсугъддæр. Кæм рæзы быдырты емшан, Хæтыд уым карз адæм хæдбарæй. Уыд хан Отрок, уыд хан Сырчан, Сæ цард æфсымæртæн — æхсарæй. Уыди сæм иу хатт куывд — ыстыр, Æртардтой хорз тæлæт Уырысæй. Цæгъдынц сæ фесгуыхтыл фæндыр, Хынцынц сæ кæрæдзи хъуымызæй. Уæд бæстæ сызнæт ис æваст, Кæйдæр тых сау мæлæт æрхаста. Æмтъеры— афтæ ма хъæрахст Фæкæнынц цуанонты раз хъазтæ. Уый Мономах уыди,— фыдран Нæ лæууы знаджы тых йæ разы!.. Æрныгьуылд Доны был Сырчан, Отрок æрæмбæхсти Кавказы. Цыд рæстæг. Амард Мономах, Æрзылд уырысы зæхмæ додой. Уæд та хæтой адæм хъыпчах Сæ кæнон ног хъарутæй кодтой. 72
Фæсидт цыты лæгмæ Сырчан, Отрокмæ минæвар æрвиты: «Хæхбæстæн ме ’фсымæр — сæ хан, Кавказ ын номы хъалон фиды. Зæгъ ын: нæ фыдгул мард у ныр, Зæгъ ын: нæхи бар у тыгъд быдыр. Фæстæмæ раздæхæд, батыр Уыдзæн нæ фыдæлтæн сæ бындар. Фæзар ын, хорз-иу æм æрхат, Уæддæр куы нæ цæуа дæ фæстæ, Уæд æм емшаны бындзыг ратт, Уæд тагъд æрцагурдзæн йæ бæстæ». Отрок зæрин цатыры бадт... Тæлфынц чызг-дзыгуыртæ йæ разы. Кæнынц ын таубитæ лæггад, Сырх сæн йæ хъузæттимæ нуазы. Зæгъы йын хонæг: «хан Отрок, Нæ быдырмæ æрыздæх, махæн Уырысмæ фæндаг байгом ног, Йæ кой дæр нал и Мономахæн». Отрок тызмæгæй бахудт уæд, Æндæр дзуапп нæй. Уæчел рæдауæй Лæвæрдта сæн, уæддæр æлгъæд Нæ кодтой цуронтæ козбауæй... Уæд сисы зæлынтæ фæндыр, Акын фыдæлты кадыл зары; Хъайтартæ уыд, æмæ сын ныр Сæ ном уæлмонц кадæгæй ары. Уæд хан фæгæмæл и мæстæй... Цы фендзæн минæвар фыддæрæй! Йæ къухæй февзыста, цæмæй Акыны цатырæй фæтæрой. Уæд хонæг бадæтты бындзыг Отрокмæ стыр фынгæн йæ сæрты. Æркаст æм, исдуг хан нындзыг, Гъестæй ныккæрзыдта йæ зæрдæ. 73
Йæ риумæ февналы,— цæмæн? Йæ равг ын иунæг дæр нæ хаты. Кæуы æгъатыр хан, фæлмæн Кæны хæрздæф кæрдæгæн пъатæ. Æваст фæхъæр кæны: «Æгьгъæд! Уæ паддзах нал дæн æз! Фыдадæй Лæгæн фыды зæххыл мæлæт Хуыздæр у искæй зæххыл кадæй». Æрбабон. Кæмттæй сыстад рог Сæууон фæлм, барухс вæййынц хæхтæ. Уæд рараст къордимæ Отрок, Тæрынц фæдисонтау сæ бæхтæ. Тындзы тыгъд быдырмæ, кæсы: Кæм ис? — йæ быцъынæг æм тоны. Йæ армы хус бындзыг хæссы,— Йæ тæф æй уарзон бæстæм хоны. Людвиг УЛАНД РÆСТÆВЗАРÆН Хæстонмæ йæ фæсдзæуин кодта хæлæг, Хъайтары мæнгардæй ныммардта тыхлæг. Йæ риуы ныссагъта фынæй лæгæн кард, Нысхуыста йын тар æхсæв доны йæ мард. Ызгъæр дзаума скодта йæ уæлæ, гъестæй Хъайтары æфсургъыл ысбадти зынтæй. Ыскъæры йæ, даргъ хид йæ разы — уæрæх, Хуыррытгæнгæ слæууы йæ фæстæгтыл бæх. Цæвы йæ лæгмарæг,— йæ коммæ нæ каст, Ныззылдта йæ арф донмæ саулох æваст. Йæ гæндзæхтæ тилы — цы ма у йæ бон! Фæкодтой йæ згъæртæ сæ уæзæй дæлдон.
ÆЛГЪЫСТ Кæддæр лæууыд нæ зæххыл сæрыстырæй гæнах, Йæ хицау фурдæй фурдмæ уыд адæмтæн паддзах. Йæ алыварс æрзылди цъæх тæлмытæй дыргъдон, Йæ кæртыты цыхцыртæй æрттывта хурмæ дон. Тыхджын паддзах æрбадти зæрин бандоныл уым, Йæ цæсгом уыд тызмæгæй фæлурс æмæ æрхуым. Æвæрдта фæтк тыхмитæй, уыдис йæ ныхас рын, Хъæбæр ехс æмæ кардæй уый амыдта цæрын. Дыууæ барды йæ кæрты æрбалæууыд кæддæр, Уыд урсбоцъо сæ хистæр, уыд саубецыкк кæстæр. Фæндырдзæгъдæг зæронд лæг мæллæг хайуаныл бадт, Сæрæн лæппу йæ фæстæ раст Бонвæрнонау уад. Зæгъы кæстæрæн хистæр: «Дæхи æвзыгъдæй дар! Дæ арæхст хорзæй равдис, бæрзонд хъæлæсæй зар, Нæ цин, нæ хъыг зæлангæй дæ зæрдæйæ цæуæд, Кæд залымæн ныккæрзид йæ уазал зæрдæ уæд». Зæрин тæрхæгыл бадынц паддзах æмæ йæ ус, Сæ хуынд адæм сæ разы — гуыбыр æмæ фæлурс. Уыд арвы дзæхстау паддзах тæссаг æмæ кæрзмаст, Рæсугъд æхсин та мæйау фæлмæн тавицæй каст. Фæндырдзæгъдæг æруадзы æлвæст тæнтыл йæ арм, Æрхуым галуан йæ зæлтæй ысрухс æмæ ысхъарм. Æвзонг хъæлæс ныззары,— æрвон сидт у йæ зæлд, Зæронд хъæлæс йæ уæлвæд зæрин зæлтæй ызгъæлд. Æрцæгъдынц æмæ сисынц сæ зарæгæй бæрзонд Сыгъдæг уарзт æмæ намыс, сæрибар æмæ зонд. Сæ рухс хъуыды æндзары уæлвонг зæрдæты арт, Рæсугъд хъуыддæгтæм сиды æрвон зæлдæй сæ зард. Сæ кадджытæм хуынд адæм æрыхъуыстой бæстон, Тæссонд чызгау йæ цæссыг ызгъæлдта уым хæстон. Уæздан æхсин фæуæлмонц, уыд буц æмæ четар, Йæ тарæй сисы уарди — æппары сæм лæвар. 75
Маестæй уæд фестад паддзах, фæхъæр ласы хылкъах: «Мæ адæмæн, мæ усæн ысхин кодтат сымах!» Æвзонг риуы ныссадзы пысмил залым йæ кард. Уæд зараг зæрдæ бамыр, йæ туг лæдæрсгæ калд. Сæргой уæчелтæ айстой сæхи фæйнæрдæм дард. Ныттыхсы зæронд цæфыд— йæ кæстæр уыд æдзард. Йæ пæлæзы йæ стухы, фæхæссы йæ сындæг, Йæ бæхмæ сисы марды,— æндæр цы кæна лæг! Фæцæуы, фæлæ кæрты æрлæууыди æваст, Йæ удлæууæн ■— йæ фæндыр, тыхстæй ма йæм æркаст. Уый кулдуарыл ныххуырста, йæ састы хъæр ныррызт. Йæ хъæрзын лæгæн арвмæ уынгæг хъарæгау хъуыст: «Æлгъыст фæу, цъæх галуан! Мæрдон æнцойы ныр Ды нал хъусдзынæ зарæг, нæ зæлдзæн ам фæндыр. Рæстмæйы зæд дæ къултæ ныппырх кæндзæн, ныррыг, Уæдмæ хæтæд дæ къуымты кæрæф рын æмæ хъыг! Æлгъыст фæу, цъæх дыргъдон! Дæ тары лæг фæмард, Йæ тæригъæдæй баруай, ысхæцæд дыл цъæх арт! Дæ сау суадæттæн сысдзæн æнтæф бонты сæ дон, Дæ зæххæй уад хæсдзæни сыгьдон æмæ бырон. Æлгъыст фæу, нæ залым! Поэтты знаг, дæуæн Нæ уыдзæн рад хъайтарау ысгуыхт æмæ цытæн. Уыдзæн дæ цард мæстæлгъæд, дæу баййафдзæн фыдæх, Фæуæд дæ ном æлгъыстаг, дæ кой фæуæд дæлдзæх!» Дзырдта мæлгъæвзаг афтæ. Йæ хъаст Хуыцаумæ хъуыст. Нызгъæлæн галуан дургай — йæ сау бындур нынкъуыст. Лæууы ма ’рмæст йæ раны рæхснæг цæджындз æмраст, Æцæг йæ бын фæкъул ис, йæ астæуыл фæфаст. Кæм уыд дыргъдон, уым баззад, ызмис кæнæ хæмпæл, Уым суадæттæ нæ кæнынц дзæнхъа дуртыл хæл-хæл. Бынсæфт у паддзах, ферох, æндæрг у уый, зынгхуыст, Ныссæрфта йын йæ ном дæр зæххы цъарыл æлгъыст. 76
Мориц ГАРТМАН УРС КÆРДÆН 1 Мадйар, æрыгон граф, уæнгбастæй Хуыссы, йæ сау ныккæнд — зындон. Фыдгултæ рахастой сæ мастæй Хъайтарæн сауындзын тæрхон. Цы кодта? Австри йын йæ бæстæ Æфхæры, ссæнды йæ тыхæй; Сæ ныхмæ сыстад, фæлæ Хæсты Сæ къухты бафтыди цæфтæй. Цæрын кæй нæ фæндьй Хъайтарыл Цæуы æстдæс азы æрмæст. Цагъарау нал быхста,— хæдбарыл Уыдис йæ тох æмæ йæ хæст. Мæлæтыл нæу ныр дæр йæ катай. Дæлбарæй удхар у цæрын! Фæлæ æрвæдзæгыл æгадæй Зын у фыдгулты раз мæлын: Лæгмартæ худдзысты, дæ сæрты Тæхдзысты халæттæ, зыдæй Кæрдихгай тондзысты дæ зæрдæ... Фæлмæцы сау мæтæй — гъестæй Æрфынæй тар къуымы тыхстæй. Уыди сæумæрайсом. Йæ цуры Лæууы йæ мад. Уæд ын фæлмæн Æрхуымæй цардбæллон фырт дзуры: «Хæрзбон, мæ ныййарæг! Дæуæн Æз иунæг дæн. Рæхджы æрвæдзæг Æвзонгæй аскъуындзæн мæ цард. Дæуыл дæр нал уыдзæн фæхæцæг... Хъысмæт æгъатыр у, мæнгард,— Мæ ном дæр рох уыдзæн мæ фæстæ... Цæй зын у уый, цæй зын! Æз-иу Æвæрдтон карды раз мæ риу, Нæ тарстæн топпы зынгæй хæсты, 77
Фæлæ æгады мæлæт мæн Тæрсын фыдгулты раз кæндзæн». Рæвдауы мад йæ фырты цадæг: «Мæ хъæбуд ма тыхс! Æз цæуын Ныртæккæ стыр паддзахмæ хатæг, Куы фена мады рыст, уæд дын Ныббардзæн залым... Зон, уæддæр дæ Кæндзысты фæзмæ... Ды сæ сæрты Бæрзонд рæсугъд балкъонмæ кæс: Дæ разы уым лæудзынæн æз. Дзæбæх-иу кæс, мæ хур. Мæ дарæс Куы уа сæнтсау, уæд-иу æй зон: Хатыр дын нæй. Уæддæр-иу ма тæрс, Кæс-иу дæ фыдгултæм уæндон,— Тæппуд нæ разыны мадйартæй! Ныфсфидар у!.. Фæлæ дæм дардæй Куы зынон урс кæрдæны æз, Уæд зон, ыссардтон дын фæрæз, Мæ фæндыл урс паддзах ысразы. Кæндзысты марæн фæзмæ дæу, Фæлæ-иу не знæгтæн сæ разы Лæгау сæрыстырæй æрлæуу!» Æрсабыр сонт лæппу. Йæ уаты Æрфынæй. Дур-баз ын — фæлмæн. Уыны йæ рухс фынты йæ мады: Йæ уæлæ — цикъæйæ кæрдæн. II Цæгъдынц дзæнгæрджытæ. Æййафы Дзыгуыры знæт уынгты дзыгуыр. Кæнынц æрхуым лæгмартæ графы Уæнгбастæй марæн фæзмæ ныр... Кæсынц æм рудзгуытæй. Ызгъалынц Сæ цæссыг чындз æмæ чындздзон, Йæ размæ дидинджытæ калынц, Зæгъынц ын афтæмæй хæрзбон. 78
Нæ, уыдон ахæст граф нæ хаты, Йæ каст у балкъонмæ æрмæст, Æваст æрфиппайдта йæ мадьп Йæ уæнтыл урс кæрдæн æппæрст. Фæфидар сахъгуырдæн йæ зæрдæ, Æрдумæ нал дары йæ рыст. Кæсы йæ марджытæн сæ сæрты, Æвзыгъдæй ауындзæнмæ схызт, Уыдис йæ фæлурс цæсгом хъæлдзæг. Йæ хурх ын алвæста æрвæдзæг, Уæддæр ма худт, фæлæ нæ рызт... Æрцыди стыр диссаг! Мадйарæн Йæ цардæй адджындæр у кад, Æмæ цыты охыл хъайтарæн Уæздан сайд акодта йæ мад. Роберт ДЖОН ХЪÆБÆРХОРЫ НÆМЫГ Фæкодтой паддзæхтæ тæрхон, Æрцыд сæ фыдвæнд лып Мыггагмæ сæфт æрцæуæд Джон Хъæбæрхоры Нæмыг. Дзывырæй сау зæххы ингæн Ыскъахын кодтой уæд — Уым арф сæ барвæндæй уыдзæн Хъæбатыр Джон ныгæд. Фæцъæх и зæхх, фæбур и дон, Цæгатмæ тахт зæрныг. Ыстыдта уæд йæ уæлмæрд Джон Хъæбæрхоры Нæмыг. Ныкъкъобор сæрды,— уыд мæстæг, Æвзыгъд æмæ гуыппыр. Æвзиды йе знæгтæм тызмæг Йæ цъæх æрцытæй ныр.
Æрлæууыд фæззæг дæр,— уæууæй, Цæй зæронд баци Джон! Ныннæрст, ныууæззау и, гъестæй Ныггуыбыр и бынтон. Æрбырсынц зымæг æмæ хъызт, Æрхъуызы йæм мæлæт, Æмæ та паддзæхтæ сæ куыст Ыскодтой Джоны уæд. Хъайтары иу цæфæн къæдз кард Æрфæлдæхта æваст. Къæрныхау фидар бастæй дард Æрцыди мусмæ ласт. Цæвынц æй тынг — кæнынц хъæлтæй Мæгуыр Джоны зыгуым. Хæрдмæ йæ сæппарынц — уæд æй Дымгæмæ дарынц уым. Хъайтарыл гарзмæ калынц дон, Уыд цъайау арф хъуылыг. Уæддæр нæ фæдæлдон ис Джон , Хъæбæрхоры Нæмыг. Цы дзы уыд — царм æмæ ыстæг,— Цъæх арты сæ сыгътой. Йæ уд, йæ зæрдæ йын лыстæг Æрыссадта куырой. Йæ туг æнхъизы аджы, рог Йæ сæрыл сисы фынк. Уый фесты задын цырвæй ронг, Ысхъæлдзæг кæны фынг. Уыд Джон йæ цæргæйæ нæртон, Æвзыгъд æмæ хъочах, Ныр дæр йæ хæрзтæн нæй кæрон, Хынцы мырæгæй мах. 80
Уый сафы маст æмæ æрхуым, Нæ хъыгтæ суры дард. Кæм фæзыны нæ разы, уым Уæларвмæ хъуысы зард! Уæдæ нын абузæд æхцон Нæртон ронгæй хъуылыг, Фæрнæй цæрæд йæ мидæг Джон Хъæбæрхоры Нæмыг. Ирон æвзагмæ сæратæлмац кодта ДЖЫККАЙТЫ Шамил 6 Махдуг№ !, 1999 81
АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД ТАУРÆГЪТÆ ÆРТÆ ГÆДЫ ЛÆДЖЫ ртæ гæды лæджы кæрæдзи кой хъуыс- той æмæ дзы алчидæр йæхицæн дзырдта: «Ау, мæныл ’ чи фæхистæр уыдзæн, ахæм ма кæм и?». Æртæ гæды лæгæй сæ иу уыд Нæртон Гæбыто, иннæ — Цъамадон Цъингуыр, аннæ та — Туаллаг Хнеу. Иу заманы баиу сты Тæмисчъы дæле Кæфджын хуыдымы. Кæрæдзи къухтæ куы райстой, уæд загътой, ам, дам, фæндагыл ма ныхас кæнæм, нæхи уæлæмæ сисæм. Æмæ уæд сæхи бæласы бынмæ систой. Бæласы бын æрбадтысты, æмæ иу фæзæгъы, иннæ йæ ампъузы, æмæ дзы чи лæгдæр у, уый бæрæг нæй. Сæ дæле коммæ кæсынц стыр фæндагмæ. Иу фæсхохаг сæгъы сыкъатыл хосæй бæндæн скодта æмæ йæ йæ фæстæ ласы. Йæ сæныкк фæстиаугомау йæ фæстæ цæуы. Нæртон Гæбыто афтæ зæгъы: ахсæв цы бахæрдзыстæм? Ныртæккæ æз цæуын æмæ сæныкк мæ бар уадзут, фæлæ сæгъы дæр ма ауадзут. Гæбыто æруадис æмæ дуррæбынæй кæрдзыны къæбæр сæныкмæ батылдта. Сæныкк æрмахуыр уыд æмæ кæрдзыны къæбæрмæ æрбауади. Гæбыто сæныкк рацахста. Йæ сæр ын фæлыг кодта. Йæ гуыр ын иннæтæм слæвæрдта. Сæныччы гуыр уыдон уæлæмæ систой, йæхæдæг ын йæ сæр донмæ ныддавта. Уым иу дуры цъупп малæй фæзын-фæзын кæны. Лæг ын йе ’ргæвдæн дуры цъуппыл æрæвæрдта, йæ бырынчъытæ уæлæмæ афтæмæй. Ныр сæгъ чи ласы, уымæн иннæтæ хъæды йе ’мцыд кæнынц. Дарддæр. Райдайæн «Мах дуджы» 1995 азы № 11—12; 1996 азы № 7; 1997 азы № 3; 1998 азы №№ 1, 2, 7—10, 12. 82
Сæгъ чи ласта, уый иу заман фæстæмæ фæкаст æмæ сæныкк Йæ фæстæ — нал. Мардæн дæ бахордæуа, сæныкк кæмдæр ныл- лæууыд, зæгъгæ, йæ сæгъ къудзитыл абаста. Сæныкмæ куыд рауад, афтæ лæгтæ æруадысты æмæ йын йæ сæгъ дæр сыскъ- æрдтой хъæдмæ. Доны былтыл уайы фæсхохаг. Кæсы, æмæ дæлæ сæныччы сæр донæй уæлæмæ зыны, йæ бырынчъытæ хæрдмæ. Мардæн дæ куыд аргæвстæуыд, дæлæ кæм ныххауди, зæгъгæ, лæг йæхи абæгънæг кодта. Донмæ йæхи куыд ныппæрста, сæныкк фер- вæзын кæнон, зæгъгæ, афтæ та йын йæ дзаумæттæ дæр аскъ- æфтой. Сæныччы сæр йæ къухы, афтæмæй стæррæтт ласта, æмæ дзаума дæр — нал! Ай, мæ хæдзар куыд фехæлд! Мæ сæгъ ма уæддæр куы баййафин! Схæццæ, æмæ сæгъ — нал.^ Ракæс-бакæс кæны бæгънæгæй. Ихæнæй мæлы. Йæ къухтæй йæхи амбæрзта, афтæмæй ратахти хосы цъынатæм Хадзымайы кæсæнмæ. Уым хосы абырыди ихæнæй гæртт-гæртгæнгæ. Уыцы заманы та фæндагыл иу хъал хъæддзау дыууæ цъæх галыл заргæ рацæуы. Бæгънæг лæджы куы федта, уæд худæгæй бакъæцæл: «Дæ мидæггаг хæдон æмæ дын хæлаф куы ластой, уæд ма цæргæ куыд баззадтæ, дæ фæнык фесафай!» Фæсхохаг æм дзуры: «Мæлæты хъал ныхæстæ кæныс, лæппу! Ацу уал дæлдæр. Хуыцау дыл ме ’мбисонд æруадзæд!» Ныр сæгъы хицауыл дыууæ дзыхъхъынног дзабыры æмæ æртæ гæды лæджы уыдонæй иу аппæрстой, хъæддзау лæгъзы кæм æрбацыди, уым. Иннæ та стыр тæрфы доны был аппæрс- той. Сæхæдæг къудзиты фæстæ бадынц. Хъæддзау уæрдоны сæр бады. Заргæ цæуы. Дзабырмæ кæсы ’мæ дзуры: «Бæргæ ног дзабыр дæ, фæлæ дын æмбал нæй, цы дæ кæнын!» Тæрфы куы руад æмæ йын йе ’мбалы куы федта, уæд, дæлæ йе’мбал, зæгъгæ, галтæ æрурæдта: цон æмæ иннæйы дæр æрба- давон. Афтæмæй иннæ дзабырмæ куы азгъордта, уæд лæгтæ галтæ феуæгъд кодтой, æмæ сæ сæ иу уæлæмæ хъæдмæ ссырд- та. Иннæ дыууæ цæттæйæ бадынц, хъæддзау дзабыр йæ къухы фæзæбул-фæзæбулгæнгæйæ æрбаскъæфы. Уыдон та уæрдоныл дыууæ лæгæй бахæцыдысты æмæ йе’фсондзырдыгæй дынджыр малы бынмæ нысхуыстой. Ракæс-бакæс акодта лæг æмæ йæ уæрдон нал уыны, галтæ нал ары. Ныккасти ’мæ малæй уæрдоны сыдз зыны. Æ, мардæн уæ куыд аргæвсти, дæлæ кæм ныххаудысты, зæгъгæ, йæхи абæгънæг кодта. Бæгънæгæй донмæ ныггæпп ласта, æмæ ца- лынмæ галтæ агуырдта, бынæй æфсондзы хъустæ йеддæ бæрæг кодта, уæдмæ та йын йæ дзауматæ дæр аскъæфтой. Куы сгæпп 83
ласта, уæд ма фæсхохагмæ сæныччы сæр уыди, фæлæ- галты хицаумæ — мур дæр ницыуал. Ныр сæныччы сæр кæмæ уыди, уый мæкъуылы хуылфæй кæсы ’мæ йæм хъæр кæны: «Гъей, хорз лæг, кæм уыдтæ? Дæ мидæггаг хæлаф æмæ дын хæдон куы ластой, уæд дæхæдæг та кæм уыдтæ?! Уæ, уайтагъддæр дæ бæргæ зыдтон, уыцы хъал зарджытæ куы кодтай, уæд. Рабыр, мæнæ сæныччы сæрæн исты амал скæнæм». Уæд худынырдæм фесты. Изæрмæ , уым фæбадтысты ’мæ бафæнд кодтой, мæнæ куы ’рталынг уа, уæд нæ лидзын хъæуы мидæмæ. Куы ’рталынг, уæд дыу- уæ лæджы мидæмæ комы лидзын байдыдтой æмæ сыл уæртæ Буроны сбон и. Уыцы заманы Туалгомæй фондзыссæдз барæджы рацæй- цыди. Дыууæ бæгънæг лæгыл куы сæмбæлдысты, уæд бакъæцæл сты худæгæй, ам, дам, дæле ахæм адæмтæ цæры! Дæлдæр ац- æут, стæй ахæмтæ сарæх уыдзæни, зæгъгæ, сын загътой. Рацыдысты. Æрæгмæ ницæуыл æмбæлынц æртæ гæды лæджы, ’мæ уæртæ Сау суадоны раз ракæс-бакæс кæнынц фæндагыл дыууæрдæм. Уалынмæ кæсынц æмæ Кæфты хуы- дымæй уыцы фондзыссæдз барæджы разындысты. «Æллæх, æгæр бирæ сты! Ирвæздзысты нын! Алчи дæр йæ зонд æрæвæрæд»,— загъта Цъамадон Цъингуыр. Нæртон Гæбыто йæ уæлæ иу гыццыл къæсдзыг нымæт æрба- кодта, сæныкдзарм худ — йæ сæрыл, мæгуыр лæджы хуызæн. Уыцы дыууæ галы фæндаджы былмæ æрыскъæрдта’мæ сæ уым лæдзæгæй нæмы. Ныр æм бæхджынтæ раввахс сты. Сæ раздзог Зем дзуры: — Уыцы галтæ цæмæн нæмыс, мæгуыр лæг? — Адон мæхимæ райгуырдысты. Тутыры гуырдтæ сты. Семæ цæй фæдыл цæуон, уый фаг мын не сты. Афтæ сæ куыд ныу- уадзон, уый мæ цæст нæ уарзы. Сымах мæлæты хорз адæм стут. Сымах мын сæ куы балхæниккат, уæд ацæуин æмæ мæхицæн иу хæдон æмæ хæлаф бакусин. — Цас сæ кæныс? Дыууæ галы сын фынддæс сомыл æрбауæй кодта æмæ адæммæ дзуры, ныр кæдæм цæут, зæгъгæ. Мæнæ, дам, уын зам- манай суадон, уæлæ уын фахсы уырдыг хус фатхъæд! Ам, дам, уын уæ бæхтæн замманай хизæн! Сæ раздзог загъта, мæгуыр лæг раст дзуры, зæгъгæ. Сзыл- дыСты æмæ, ацырдыгæй цы бæлас уыд, уый бын сæ сæргътæ æристой. Æрындзæрстой арт. Галтæ æрыргæвстой. Бавæрдтой агтæ. Сæ тæккæ дыууæ зæрдæдаргæдæр лæппуйы равзæрстой 84
^емæ сын бафæдзæхстой, аскъæрут бæхтæ, зæгъгæ. Цъиу атæ- кын ма бауадзут, сайд ныл куыд не ’рцæуа. Æртæ гæды лæджы æхсæрбыны тæрхон кæнынц, куыд бакæнæм. Туаллаг Хнеу афтæ зæгъы, æз уал мæ зоид æвзарын æмæ, кæд нæ къухы ницы бафта, уæд сымах куыд зонут, афтæ кæнут. Ауадзæн сын нæй, абæгънæг сæ хъæуы! Хнеу иу даргъ фатхъæд тала йæ тæккæ быныл ныллыг код- та æмæ йæ бынæй хæбырæгъы хуызæн скодта. Йæ роныл æй пыссагъта.' Адæмæн сæ ацырдыгæй уыцы бæласмæ бахъуызыд æмæ йæм схызти. Хъæд дæр йæ фæстæ ласы. Иу бæласы цонгæй иннæ бæласы цонгмæ бахызти. Агты тæфы астæуты хæбырæгъ бынмæ æруагъта. Аджы йæ нытътъыста, ’мæ сгуы бæласмæ сласта. Уым йæ хæбырæгъ цæхгæрмæ къалиутыл нывæрдта. Сгуы йæ хъулуатæй йæ ронмæ сфидар кодта. Æрбацыд. Йе’мбæлтты раз сбадт æмæ, йе ’мбæлттимæ, бæхгæсты аивынмæ чи баззад, ахæм дыууæ хъæлæсы систой. Стæй сын Хнеу загъта, мæнæ уын гъер сгуы æмæ, уæртæ аивынмæ чи цæуы бæхгæстæм, уыдо- пы цурмæ бацæут æмæ уыдоны хъæлæсæй дзурут бæхгæстæм, зæгъгæ. Бæхгæстæ- сау æндæрг куы федтой, уæд хъæр кæнынц, чи стут, цавæр стут? Цæвæм уæ! Уыдон сæм се’мбæлтты хъæлæсæй дзурынц: «Мах стæм, мæнæ уын хай хæссæм. Мах бахордтам, фæлæ уын мæнæ нæ хистæртæ хай рарвыстой. Ацæут æмæ сы- мах дæр бахæрут, стæй та нæ иу афон аивут». Сгуы сын сæ къухы фæсагътой. Мæйдар æхсæвы се’мбæлтты хъæлæсæй дзу- рынц, æмæ сæ уыдон нæ раиртæстой. Сгуы тындтытæгæнгæ фæцæуынц дыууæ бæхгæсы. Галы сгуы тагъд хæрд кæм фæуы- даид, æмæ, цæй, ай уал ахæрæм, зæгъгæ,' æрбадтысты къудзи- ты бын æмæ хæрынц. Æртæ лæджы рæгъауыл ахъæр ластой æмæ сæ комы мидæмæ басырдтой. Кæфджын хуыдымы дынджыр зилæн и, куыддæр комы фæмидæг уай, афтæ ауæзты рæбын. Бæхтæн сæ тæккæ хуыздæр чи уыд, уый уыцы малы ныппæрстой. Иннæ рæгъау доны бахи- зын кодтой æмæ сæ Хæрæны комы стардтой. Сæхуыддæг уыр- лыгæй фæстæмæ фæзылдысты æмæ цæттæйæ лæууынц. Уæддæр лæппутæ нæма фесты сгуы хæрд. Уалынмæ бæхгæстæм базыл- дысты æмæ сæм дзурынц: — Кæм уыдыстут, кæ? — Нæ нæм арвыстат? — Чи уæм ацыдис? — Гъе уый, æмæ гъе уый. — Мах мæнæ куы стæм. 85
— Ау, сгуы нæм нæ радтат, мæнæ уын хай, зæгъгæ? Уыцы хъаугъа куыд кодтой, афтæ Нæртон Гæбыто фал- æрдыгæй æхсæрбынæй байраджы уаст ныккодта. Уыцы бæхьг хъæр куы фехъуыстой, уæд раздзог дзуры: — Чидæр ныл фæтыхджын, рæгъау фæтардæуы! ,] Æнæфенд адæм сæхи фæдисы акалдтой иууылдæр. Бынаты куы ничиуал аззад, уæд æртæ сайæгой лæджы æрбауадысты æмæ агтæн сæ бас артыл афæлдæхтой. Агтæн сæ хъусты хъилтæ атъыстой æмæ сæ уæлæ сусæг мæсчъы æд дзидзатæ бамбæхс- той. Бынаты гæрзы скъуыддзаг дæр нал ныууагътой, мæсчъытæм сæ фæхастой æмæ сæ бамбæхстой. Ныр бон дæр змæлын байдыдта æмæ, бæх кæм ныппæрс-; той, уыцы малы размæ сæхи байстой. Хъæды æрæмбæхстысты.| Куы’рбабон, уæд раздзог дзуры, сæ фæдмæ ма сын æркæсут,! чердæм у сæ фæд, зæгъгæ. — Мæнæ комы мидæмæ фæлидзынц нæхирдæм. Уæдæ нæхимæ фæлидзынц, зæгъгæ, сæ фæстейы расырд- той. Фæдмæ кæсынц æмæ Кæфджын хуыдыммæ куы бахæццæ сты, уæд ныккастысты, ’мæ ма уыцы бæх пыррыкк кæны, ленк кæны малы дыууæрдæм. Æллæх, мæнæ кæм ныккалдысты, афтæмæй, мæ бæх ма раппарон, зæгъгæ, цалдæрæй сæхи абæгънæг кодтой æмæ малы смидæг сты. Фæстаг куы фæдæле, уæд æртæ гæды лæджы уыдоны дзаумæттæ рамбырд кодтой. Туалты ададжы фæхæрд кодтой дзаумæттимæ. Иу дзы сгæпп ласта лæгтæй æмæ дзуры: — Уæ мадæлтæн æмæ уæ фыдæлтæн... Ам пысул нал и! Асгæрстой бынæй æмæ дзы цæй бæх æмæ цæй цыдæр! Уæле чи ленк кодта, уый раппæрстой. Сгæппытæ ластой æмæ доньг был урс адардта бæгънæг адæмæй. Ихæнæй сæфтысты ’мæ за-; гътой, цом æмæ фæйнæ басы хуыппы акæнæм нæ бынаты, зæгъгæ. Уыцы тыбар-тыбургæнгæ бынаты æрбалæууыдысты бæгънæг адæм, æмæ дæ фыдгул ахæм бынатмæ куы бакастаид:; гæрзы скъуыддзаг дæр дзы нал и. Уæд æй æрхъуыды кодтой. Знон ныл Буроны цы дыууæ бæгънæг лæджы амбæлди, уыдон афтæ нæ загътой, дæлдæр ацæут æмæ ахæм адæм сарæх уыдзæн,; зæгъгæ. Ныр афтæ нæу? : Куы’рыхсæв, уæд, боныгон махæн худинаг у, ныр æнтъæрый^ хъæуы фæстæмæ, зæгъгæ, уыдон дæр уыцы дыууæ лæджЫ< фæстæ аивгъуыдтой. ^) 1 Æртæ мæнгард лæджы уыцы фос æмæ дзаумæттæ ауæй! кодтой æмæ æхца сæ дзыппы цæвæрдтой. Туаллаг Хнеу афт#! зæгъы. 86
— Гъе ныр мæнæн адон, мæ фæстагæттæ цæмæй фæцæрой, уый фаг дæр сты, æз нал кусын. Цъингуыр æмæ Гæбыто ныллæууыдысты, иу æртæ боны ма акусæм, нæй дын цæуæн. Нæ сын бакоммæ каст. Араст æмæ уæртæ фæцæуы Туалгоммæ. Уыдон æм фæмæсты сты, æмæ куы баивгъуыдта, уæд загътой: — «Мæнгард фæуæм, амæн йæхи куы нæ астигъæм!» Фæсте йæ асырдтой дыууæ лæджы. Уый дæр уыдоны хуызæн мæнгард уыдис æмæ зыдта, афтæмæй йæ нæ ныууадздзысты, уый. Нæ йæ баййæфтой. Бацыдысты. Туал- гомы фæрсынц: — Ам Туаллаг Хнеу кæм цæры? — Цæмæн æй фæрсут уый? Уый, Хуыцау йæ бæллæх кæуыл сæвæрдта, уый куы у! Царм, буар уыл налныууадздзæн. Сæ цæстытæ сæ кæрæдзимæ æрныкъуылдтой. Бацамыдтой сын æй. Бацыдысты. Афарстой æмæ сын загътой, бирæ заманы ам нæ уыд æмæ, дам, дыууæ хæрæгыл сугмæ фæцæуы Хнеу. Уым нæй, уый куы базыдтой, уæд æваст хæдзары смидæг сты. Къонайы алыварс абадтысты, дæ бон хорз, æфсин, зæгъгæ. — Æтас цæут, уазджытæ. — Дойныйæ мæлæм, дон ма нын авæр. Сау хъалацы сын сау суадон авæрдта. Гæбыто донмæ нык- касти, бахудт æмæ афтæ зæгъы: уæлæ цары мæй. Фестадысты’мæ дыууæ лæджы федде сты дуарæй, пыррыч- чытæ кæнынц, афтæмæй. Уалынмæ хъæддзау схæццæ. Æфсин ын къæбæр æрæвæрдта, ’мæ хъæддзау кæрдзын хæры. Ус ын дзуры, нæ лæг абон нæм дыууæ лæджы æрбамидæг и. Дон мæ ракуырдтой, æмæ, уæлæ цары мæй, зæгъгæ, худгæ федде сты. Донæй дæр нæ банызтой. Уый йын загъта цы!? Йæ къæбæр йæ къухæй æрхауд. — Ау, уыдон ам уыдысты?! Дзуры, усай, фæхсын æрис. Чыры- ны æвæргæ, цыдæриддæр нæм ис, уыдон. Не сæфт æрцыди! — Гæр, æмæ ма, нæ лæг, дæуæй мæнгарддæртæ дæр и?! — Уыдонимæ уыдтæн. Уыдон мæнæй диссагдæр сты. Цыдæриддæр ыæм и, уыдон чырыны сæвæр! Йæ уæлæ сбад æмæ цъындæгæй- мындæгæй кæн! Æз фæллад дæн æмæ уал мæхи æруадзон. Æрæфснайдтой сæ мулк чырыны. Чырыныл гуыдыр сæвæрдтой. Куы æрæхсæв, уæд дыууæ лæджы асгæрстытæ кодтой æмæ фæхсын уым нал. Фæрсаджы раз æрлæууыдысты. Кæсынц æмæ ус цъындæгæй-мындæгæй кæны, хуыссæг æй нал уадзы. Хнеу та гæды хуыррытт кæны. Уыдон æй æмбарынц, фынæй нæу, уый. Ус чырыны сæр бады. Йæ бон нал уыд æнæ хуыссæгæй 87
æмæ йæ лæджы фарсмæ йæхи æруагъта æд дзаумæттæ. Уалынмæ Хнеу афынæй. Цъамадон Цъингуыр гæдыйы уаст бакодта фæрсагæй. Ус уыцы хуысгæйæ дзуры: «Æцитт, æцитт, ахсæв нæ гæды дæр нæ хъæуы! Цы нæм ис, уыдон чырыны сты. Дæгъæлтæ та мæнæ ам». Æмæ гобаны тигъ бахоста. Цъамадон Цъингуыр афтæ: «Æз мидæмæ лæсын фæрса- джы зыхъхъырæй, фæлæ мæ ахсын ма бауадз, цæттæ лæуу!» Мидæмæ бахызт æмæ фæрсагæн йе’хгæнæнтæ суагъта. Фæрсаг райгом кодтой. Дæгъæлтæ гобаны бынæй райста. Гуыдыр бакод- та. Чырын сыгом кодта æмæ, фæхсын куыд ралæвæрдта, афтæ Хнеу хæрдмæ фæхауд. Ус афынæй, фæлæ сæ уый сæ сыбырттæй бамбæрста. Расырдта ма сæ кæрты æмæ æхсæв сæ астæу фæци, æмæ сын ницыуал уыны. Фæсте сæм хъусы ’мæ сæ дзурын афтæ цæуы: Софяйы зæппадзы йæ куы нæ сфыцæм, уæд æй кæм бах- æрдзыстæм. Уый Хнеу куы айхъуыста, уæд ныххоста ’мæ Со- фяйы зæппадзмæ фæраздæр. Цыма йыл фондзыссæдзазы цыд, уыцы хуызæн марды æфсон йæхи уæлгоммæ аппæрста, дæндæгтæ ныззыхъхъыр кодта, ’мæ лæууы марды ’фсон. Гæбыто фæхсынимæ зæппадзмæ бахызт æмæ дзуры Цъин- гуырмæ: — Цыртыты хустæй ма æрбакал æмæ дзæбæх сындзарæм! Срухс кодтой. Кæсынц æмæ Гæбыто дзуры: — Дæ разы ма йын йæ дзыхы цырагъ ныссадз. Цырагъ ын йæ дзыхы нытътъыстой Хнеуæн. Уый йæхи ныхъхъæбæр кодта, ’мæ цырагъ судзы. Æрæндзæрстой. Фæхсы- ны хъил батъыстой æмæ йæ куы иуырдæм бадарынц артмæ, куы иннæрдæм. Фæхсын фыцынц. Ныр цырагъ чи у, уый бынмæ нæ тагъд, æмæ йын иунæг Хуыцау йæ тæдзæн цæсты бынмæ фæкодта. Уæддæр йæхи ныффидар кодта. Цæсты бын фыцы. Цырагъ йæ архмæ æрхæццæ ’мæ уым стыр фæлгуыр сæвæрдта чъиу. Иннæрдыгæй дæр ма куы’ркалд, уæд йæхи нал баурæдта Хнеу, æллæх, зæгъгæ фæкодта. Мард райгас, зæгъгæ, иннæ дыууæ алиуырдтытæ ластой зæппадзæй, фæхсын дæр уым фæу- агътой. Ныр Хнеу фæхсыныл йæхи ныццавта, æмæ фæлидзы сæхимæ. Уыдон гыццыл æддæдæр куы бацыдысты, уæд фæстæмæ æрбаздæхтысты. Кæсынц æмæ мард дæр нал, фæхсын дæр. Уæд базыдтой, уый Хнеу йæхæдæг кæй уыд, Ныххостой æмæ Хнеуы хæдзармæ фæраздæр сты. Усы фынæйæ сæййæфтой. Чыры- ны^æхца фелвæстой. Усы дзауматæ рахастой. Ныууадысты, ’мæ родтæн сæ къæхтæ уæлæмæ, афтæмæй сæ кæвдæсы ныппæрстой. Гæбыто усы дзаумæттæ скодта йæ уæлæ. Дуармæ æрбадт æмæ кæуы. Хнеу фæхсын лæдзæгыл бакодта ’мæ æхситгæнгæ ссæуы. 3 88
— Нæ лæг дæ? — Ракъуырдтон та сын æй, мæнæ и фæхсын. — Æнæбайрагæ дзы скæн, хист дзы скæн дæ фæхсынæй! Дæлæ родтæ кæвдæсы ныххаудысты ’мæ сын мæ бон ницы у. — Уæдæ фæхсын мидæмæ ахæсс æмæ цырагъ рæвдз радав, æз скъæтмæ цæуын. Фæхсын ын йæ къухты фæсагъта Гæбытойæн. Уыдон хæдза- ры фæстæмæ ацыдысты. Хнеу скъæтæй хъæр кæны: — Æлхæнгæ йæ кæныс, æви цы фæдæ! Цырагъ! Мæнæ родтæ мæлынц! Уыдон æм хæдзары фæстейæ хъусынц. Ус хуыррытт кæны. Æрæгмæ куы зынди ус, уæд, ай цы хабар у, зæгъгæ, стыхс- ти. Хæдзармæ суади Хнеу. Ус хуыссы. Уый йыл хуыссæнмæ тъæнг-тъæнгæй ралæууыд, æз дæ цырагъмæ куы рарвыстон, зæгъгæ. Ус ныккуыдта, оу, мæ бон куыд бакалд, цы кодтон, зæгъгæ. — Ныртæккæ дын дуармæ фæхсын дæ къухмæ нæ радтон, цырагъ радав, зæгъгæ? — Куы ницы мæм радтай! — Дæ дзаумæттæ кæм сты? Ацагуырдта сæ ус, æмæ дзаумæттæ — нал. Уæд та сæ уай- тагъд базыдта Хнеу. Тыргъмæ рауад æмæ ныхъхъæр ласта: — Ай, нал мæ ныууадзат! ’ Уыдон æм дзурынц: — Хæрзæхсæв у! Нæ коммæ кæй нæ бакастæ, уый тыххæй дын афтæтæ акодтам. Дыууæ лæджы уым фæнæхстæр сты æмæ рафардæг сты. Хнеу бабын. 72-аздзыд Бидеты Елбыздыхъойы фырт Знауыры ныхæстæй йæ Ллагиры 1965 азы 14 июны ныффыста Цагъаты Лнастасия. Лцы тау- рæгъ лæджы фæндырæй дæр цагъта Зпауыр. Мæ разы дæр дзы иу скъуыддзаг ацагъта. ДАРЕДЗАНТЫ АМЫРАН Даредзантæ æртæ æфсымæры уыдысты. Сæ иу, Амыран, денджызы цард. Иу бон къулыбадæг усы чызг дон сцæйхас- та, ’мæ йын Амыраны æфсымæртæ йæ къæртатæ бацъæл кодтой. Дыккаг хатт дæр афтæ. Æртыккаг хатт ын йæ мад афтæ: 89
— Афтæ сын зæгъ, кæд афтæ хорз лæгтæ стут, уæд уе’фсым- æры бацагурут. Чызг сын афтæ куы загъта, уæд лæппутæ ныккуыдтой. Сæ мадмæ бацыдысты ’мæ йæ фæрсынц, махæн ма æфсымæр куы уыди, уæд кæм и, уый нын цæуылнæ зæгъыс, зæгъгæ. Куы нал æй уагътой, уæд сын загъта: > — Уыди ма уын æфсымæр æмæ йæ уæртæ денджызмæ хæссынмæ радтон. Сымах ныццæут денджызы былмæ æмæ иу иннæйы дасæд. Уый уæм бахæлæг кæндзæн æмæ уæм рацæу- дзæни. Денджыз урс фынк хæссын куы байдайа, уæд уый зо- нут, æмæ уæм рацæуы. Йæ сæр ын сæрдасæндзæф фæкæнут, стæй бæрæг уыдзæн. \ Денджызы былыл дыууæ лæппуйы, цыма нæ зыдтой ницы, афтæ сæ кæрæдзийы дастой. Амыран сæм рацыди, денджыз урс фынк хæссын куы райдыдта, уæд. Йæ сæр ын сæрдасæндзæф фæкЪдтой. Фæстæмæ цæуæн ын нал уыд æмæ сын загъта: —Л Хуыцау уын ма бакомæд! Иу чысыл ма мæ куы бауагъта- иккатд уæд æххæст уыдаин, фæлæ ныр мæ тыхы фаг нæ ба- цыдтæк. Сæ хо та æндæр ран цард. Уый йæхи саг фестын кодта, уæдæ ма мæ цæгатæй кæд исчи и уым, бабæрæг сæ кæнон, зæгъгæ, сæ сæрмæ ссыд æмæ уым хизы. Амыран æй фехста, Саг фæцæф и ’мæ алыгъди. Уый йæ фæстæ ацыд. Йæ туджы згьæл, йæ хъуыны ’рду йын уидзын байдыдта ’мæ йæ хойы хæдзармæ уыцы фæдыл бацыди. Уым хъæрзыдта ус. — Цы кæныс? — Мæ цæгат бæрæггæнæг ацыдтæн, æмæ мæ иу фыдбылыз фехста. — Æмæ дый ницы хос ис? — Бæргæ мын ис. Мæ туджы згъæл, мæ хъуыны ’рду кæм æрхаудысты, уыДон мæ куы уаиккой, уæд сæ афыцин æмæ сæ бацымин. \ Уыдон мæнæ мæхимæ сты. Йæ туджы згъæХтæ йын радта. Уый сæ афыхта, бацымдта, æмæ ус адзæбæх. Уæд æй йе ’фсымæр фæрсы: — Иунæгæй куы цæрыс, лæг дын нæ уыд? — Уыди мын æмæ йæ уæлæ уæйыг амардта. — ’Æмæ кæм цæры уыцы уæйыг? Ус ын æй бацамыдта. Лæппутæ æртæйæ дæр ацыдысты уæ- йыгмæ. Амыран сын загъта: — Æз уæлкъæсæр мæхи бамбæхсдзынæн, æмæ куы рацæуа, уæд æм кæд сарæхсин. 90
Амыран уæлкъæсæр бамбæхст. Дыууæ лæппуйы та йæм мидæмæ хъæр кæнынц, æддæмæ ма ракæс, зæгъгæ. Амыран афынæй уæлкъæсæр. Уæйыг та рагæпп ласта æмæ дыууæ лæппуйы сурын райдыдта. Уалынмæ Амыран фехъал. рæхысы скъуыддзæгтæ йемæ райста ’мæ сæ фæсуры. Фæсте сæм хъæр кæны: — Фæлæуу-ма, дæлæ тъырттæг хæрæг, уыдон дыууæ сты, æз -г иунæг, æмæ мæнмæ фæлæуу! Кæцæй йæм фæлæууыдаид! Уый дæр уæд рæхыс нылвæста æмæ йын æй йæ къæхтыл атыхта. Уæд æй баййæфта, æмæ хæцын байдыдтой. Дыууæ лæппуйы Амыраны къæхты бынмæ фæнык калдтой, уæйыджы къæхты бынмæ та — дон. Афтæмæй Амы- ран уæйыджы абырста æмæ ма йæм уый дзуры: — Иу ныхасы бар ма мын ратт! Лæппутæ та дзурынц: — Мауал æй суадз дзурын, кæннод дын хорз нæ уыдзæн. Суагъта йæ Амыран, æмæ йын уæйыг загъта: — Цалынмæ Кадзиты Калачы рæсугъд Тамар дæ къухы баф- та, уалынмæ дæ хъару дæ мидæг куыд нал уа! Тыххæй ма ныллыг кодта Амыран йе’ртæ сæры у&йыгæн(— хъару йæм нал уыди. Уæд рацыди уырдыгæй. Æрцыд йæ хомæ æмæ йæ фæрсы, кæм ныгæд и дæ мой, зæгъгæ. — Уæлæ уым. — Уæдæ æз йæ цонг ныллыг кæндзынæн уæйыгæн æмæ йæ цыртæн ныссадздзынæн дæ мойæн. Афтæ бакодта Амыран. Уырдыгæй ацыд йæ хъару агурæг, æмæ йæ иу ран иу уæйыг æрцахста. Йæ сывæллонæн æй радта хъазынæн. Сывæллон Амыраны авдæны хъæдыл æрхойы. Уæд~ иуахæмы уæйыджы сывæллоны къухæй æрхаудта ’мæ ралыгъ- ди. Йæ дыууæ æфсымæры баййæфта. Цæуынц æмæ сыл иу ран æрталынг и. Доны хъæр сæм цæуы кæцæйдæр. Амыран ацыд дон ацагурынмæ. Рацагуырдта йæ, æмæ дын уый та — туджы леуахи. Амыран загъта: æз цæуын ай бæрæг базонынмæ. Ацы- ди. Доны сæрмæ ссыд, æмæ дын уым уæйыг бады. Амыран æй фæрсы, ай цы диссаг у, зæгъгæ. — Мæ усы мын уæйыг ахаста. Ауылты йæ æрбахæсдзæн æмæ уый хъахъхъæнын. Куы афынæй уон æмæ йæ куы нал базонон, уый тыххæй арц мæ ныхмæ дарын. Куы афынæй вæййын, уæд арцыл мæхи æркъуырын, æмæ мæ туг акæлы. Уыцы туджы леуахи федтай ды дæр. — Уæдæ афынæй кæн, æз æй хъахъхъæндзынæн. — Æмæ мæ куыд сыхъал кæндзынæ? 91
— Ныууигъдзынæн дæ. — Афтæмæй мæ нæ сыхъал кæндзынæ. — Уæдæ куыдæй? — Мæнæ арц стæвд кæндзынæ æмæ мын æй мæ хæлафы къахы цармæй буары ’хсæн стъысс. Уæйыг афынæй. Иннæ уæйыг ын йæ усы æрбацæйхаста, æмае йæ Амыран райхъал кодта. Куы фехъал, уæд æм дзуры: ныр дæхи иуфарсмæ айс. Науæд мах куы хæцæм, уæд дæ нæ дымгæ| фæхæсдзæн. Амыран йæхи аиуфарс кодта. Дыууæ уæйыджьг схæцыдысты æмæ кæрæдзи амардтой. Амыран усæн афтæ: ,;» — Адон баныгæнæм æмæ уæд мæн нæ уыдзынæ? ..; — Уæдæ кæй уыдзынæн! «’’ Амыран къахы æмæ ницы фæразы. Ус йæхæдæг ныггуыппытæ? ласта зæхх йæ зæвæтæй. Ингæнтæ дзы ныдздзыхъхъытæ ’мæ сæ, уым баыыгæдтой. Дыууæ уæйыджы уым куы баныгæдтой, уæд ын’; ус арц йæ буарæй цармы астæу стъыста æмæ йæ цыртæн ныс-] сагъта уæйыгæн. Амыранæн йæ царм куы бамбыд, уæд ахаудта; ’мæ та лидзын райдыдта. Цæуын байдыдта ’мæ Кадзиты Калакмæ бахæццæ. Рæсугъд Тамар мæсыджы бадти. Йæ лæггадгæнджытæ* та йын дон хæссынц. Æмæ сын Амыран афтæ: — Уæ иу ма мын дон авæрæд, дойныйæ мæлын! Сæ иу ын; дон авæрдта, ’мæ йын Амыран йæ къæртайы йæ къухдарæн’ ныппæрста. Схастой дон. Тамарæн йæ къухтыл дон кодтой,' æмæ къухдарæн къухты абадти. Уæд рæсугъд Тамар йæ сæры’ хъуынтæй иу ратыдта’мæ йæ Амыранмæ раппæрста. Уый Амы-. раы йæ сæрыл æрбатыхта’мæ йæ хъару йæ бынаты абадти. Уæд ссыди мæсыгмæ, Тамары цурмæ. Уым рацардысты иу къуыри. " Стæй йын афтæ зæгъы: цæуын хъæуы ныр. Тамар ын афтæ: — Ацу, ’мæ цы къусæй, цы къæртайæ иу дæр уæлгоммæ куыд нæ баззайа, афтæ. Иууылдæр сæ фæдæлгæмттæ кæн. Амыран афтæ бакодта. Фæлæ иу цъыфкалæи къус баззад уæлгоммæйæ. Уый фæстæ йын загъта Тамар: — Ацу ныр. Цыппар бæхы æрцахс. Сæргътæ сыл сæвæр æмæ цæуæм. Рацыди Амыран. Цыппар бæхы æрцахста. Сæргътæ сыл сæвæрдта ’мæ ралыгъдысты. Къус чи уыд, уый ныхъхъæр кодта: — Кадзитæ, уæ рæсугъд Тамары уын фæхæссынц! 1 Уыдон ныххæлæф кодтой æмæ йæ фæсте сурынц. Куы сае æрбаййæфтой, уæд ныккуывта Амыран: — Йа, Хуыцау, ам ахæм галуан цы фесты, ’мæ йæ дон, йæ хæринаг, мах дæр йæ мидæг! 92
Ахæм галуан дзы фестад. Галуанмæ бацыдысты. Хæцын райдыдтой Кадзитимæ. Фæцагътой сæ. Куы фесты цагъд, уæд рацыдысты. Иу ма дзы мæрдты бынæй фæгæпп код- та. Амыраны æфсымæры фæцæф кодта æмæ уым амард. Уæд та иннæ æфсымæр дæр рахызт. Уый дæр сæ цæгъдын байдыдта, цæгъдын байдыдта. Ныццагъта сæ. Стæй та дзы иу фелвæсти мæрДты бынæй æмæ та иннæ æфсымæры дæр амардта. Уæд рахызт Амыран. Уый дæр сæ цæгъдын бай- дыдта, цæгъдын байдыдта æмæ та сæ ныццагъта. Уæд та дзы мæрдты бынæй иу фелвæсти. Амыран ыл фат суагъта ’мæ уый дæр амард уым. Уæд мысты лæппын рауад æмæ Амыраны тугтæ сдæры. Тамар æй йæ къахæй атъæпп лас- та, ’мæ мысты лæппын амард. Мыст хæцы йемæ. Йæхæдæг мæлдзыджы къутæрмæ бауад. Уырдыгæй йæ дзыхы сы- джыты мур æрбадавта. Йæ лæппыныл æй бакалдта, æмæ лæппын йæ фæстæ азгъордта. Тамар дæр уæд мæлдзы- джыты къутæрæй сыджыт æрбахаста. Æфсымæртыл æй бакалдта, ’мæ уыдон дæр райгас сты. Уæд ныккуывта Амыран: — Хуыцауты Хуыцау, ацы агъуыст куыд сыста ’мæ зилгæ- зилгæ мæ хойы цур куыд æрæнцайа! Агъуыст сыстад. Йæ хойы цур æрæнцад æмæ уым цæрыи байдыдтой. Уыдонæй цы иицы федтат, æндæр низæй’мацы фенут! 90-аздзыд Гайты Бетърсйы фырт Къостаиы пыхæстæй йæ Суа- даджы 1965 азы 16 июиы пыффыста Цагъаты Лнастасия. ХÆСАНÆ Хæсанæ бинонтæ нæ куырдта. Йæ мад куы базæронд, уæд ыи загъта, дæхицæн æмбал æрхæсс, зæгъгæ. Уæд мæсыджы иу чызг бадт. Курæг æм чи цыд, уыдоиæй æртæ дзырдмæ кæмæ нæ ракаст, уымæн та-иу йæ сæр алыг кодтой. Уæд æм Хæсанæ ссыди. Дзуры чызгмæ: — Сдар ма дæ фæйнæг. Чызг тымбыл фæйнæг сдардта. Цуаноны цы хъуыди! Фехс- та йæ ’мæ фæйнæг цыппар дихы фæхауди. Æрхаста уыцы чыз- джы. Иу æхсæв сæм бадзырди: — Хæсанæ, ракæс-ма! 93
Ракаст æм. Æрбацæуæг æй æрцавта нымæтын ехсæй, гæбæр бæх ’^ фест, зæгъгæ. Хæсанæ гæбæр бæх фестад æмæ афтæмæй куыста I Иу заман та йæм фæцыд æмæ йæ куыдз фестын кодта. Уæд : фыййæуттыл бирæгъ сагъуыдис, æмæ Хæсанæйы усмæ æрцы- дысты, дæ куыдз хорз у æмæ нын æй радт бахъахъхъæнынмæ, зæгъгæ. — Буц у мæ куыдз, æвзæр хæринаг ын куы радтат, уæд уын ницы бахъахъхъæндзæн. Акодтой йæ æмæ йын цыдæр цъæлы муртæ йæ разы бав- æрдтой. Фыййæуттæ æнæмæтæй схуыссыдысты. Æхсæв бирæгътæ æрбацыдысты æмæ дзы уыдонæн цы бантыст, иннæтæн йæхæдæг амал кодта, афтæмæй фос ныххафтой. Куыдз рай- сомæй раджы йæ хæдзармæ ралыгъди. Дыккаг æхсæв æй æндæр фыййæуттæ акодтой. Уыдон ын ку- ’ сарт акодтой. Æрæвæрдтой йын æй йæ разы. Цас дзы бахордта- ’ ид! Уæд та йæм бирæгътæ фæзындысты. Уый сын афтæ: иугай цæут æмæ уæ алкæмæн дæр фæйнæ дæтдзынæн. Уыдон æм иугай цыдысты, ’мæ сæ фынддæсæй дæр ныххурх кодта бирæгъты. Рай- сомæй йæ фыййæуттæ иу фысимæ йæ хæдзармæ акодтой. Дуармæ хуыссыди куыдз. Гæды йæ рæзты æрбауад, æмæ йæ куыдз рацахста. Гæды дзуры: — Мацы мын кæн, мидæмæ мæ бауадз æмæ дын усæй ехс радавон. Суагьта йæ. Гæды бацыд. Æддæмæ йæ тардтой, æмæ ус афтæ: — Уадз æмæ хуысса ам, цы нæ хъыгдары. Ныууагътой йæ. Бинонтæ куы бафынæй сты, уæд сын гæды сæ ехс рахаста. Радта йæ куыдзмæ. Уый дзы йæхи æркъуырдта æмæ Хæсанæ фестад. Мидæмæ бацыд, æмæ йæ ус лæгимæ хуыс- сы. Уый сæ æркъуырдта ’мæ загъта: — Сыл хæрæг æмæ нæл хæрæг фестут! Уыдон дæр сыл хæрæг æмæ нæл хæрæг фестадысты, æмæ сыл куыста. Уæд иу цуанон саг амардта. Ракъæртт æй кодта. Физон- джытæ дзы куыд кодта, афтæ саг райгас æмæ ралыгъд. Æуу, мæнæ диссаг, зæгъгæ, фæхъæр кодта цуанон. Саг æм дзуры: — Уый диссаг нæу. Диссаг, цуанон Хæсанæмæ фæцу, ’мæ дын уый радзурдзæни. Уæд æм агурæг ацыди. Цал боны фæцыди, Хуыцау зоны, æмæ дуне рæгъæуттыл амбæлы. Сæ гæсты сын фæрсы, адон кæй фос сты, зæгъгæ. Уыдон ын загътой, фос Хæсанæйы фос сты, фæлæ кæм цæры, уый мах нæ зонæм, зæгъгæ. Уæртæ фалдæр ацу, ’мæ дын æй уыдон бацамондзысты. Фæрсгæ- 94 ’
фæрсгæ, æмæ йын хъæу бацамындæуыд. Хъæугæрон иу лæг дыууæ хæрæгæй най кæны, æмæ йæм дзуры. — Байрай! — Хуыцауы хорзæх дæ уæд! — Цуанон Хæсанæ мæ хъæуы, ’мæ кæм цæры, уый мын ба- цамон. Уый йын дарддæрты йæ хæдзармæ фæндаг ацамыдта. Лæг ацыди. Хæсанæ дыууæ хæрæджы абаста’мæ хæстæгдæр фæнда- гыл уазæджы бацыдмæ йæ хæдзармæ бацыд. Бакодта уазæ- джы. Бауазæг æй кодта. Стæй ныхас райдыдтой. Цуанон йæ цыды сæры кой ракодта. Уæд ын Хæсанæ афтæ зæгъы: — Уæдæ æз дæр дзæбидыр амардтон, физонджытæ дзы куы кодтон, уæд райгас æмæ мын алыгъди. Куы бадис кодтон, уæд мын афтæ, уый диссаг нæу. Бинонтæ куы ’рхæссай, диссæгтæ уæд фендзынæ! Æмæ йын Хæсанæ йæ хабæрттæ фæкодта, гæбæр бæх куыд фестад, куыдз куыд фестад, фыййæуттæ йæ куыд акодтой, фæстæмæ та лæг куыд фестад. 1883 азы гуырд æнахуыргоид зæхкусæг Дзодзиаты Телæджы фырт Джетæйы иыхæстæй йæ Ново-Георгиевсчы 1966 азы 7 сеитяб- ры иыффыста Цагъаты Анастасия. ЦУАНОН ХÆСАНÆ (Вариант) Цардысты иу лæг æмæ ус. Лæгмæ уыди æртæ бæхы. Кафын сæ сахуыр кодта. Алы бæхæн дæр æвзистæй дзаума. Сарæзта-иу бæхтæ. Хъæутыл-иу сæ ралас-балас кодта, æмæ сæ кафын кодта. Йæ фæстаг цы уыдзæн, ^уыл та никуы ахъуыды кодта. Уæд лæг æррынчын æмæ амард. Йæ ус та баззад астмæйдзыд сывæлло- нимæ. Сæргътыл хъуына схæцыди. Бæхтæ æфсæн æрттигътæ калд- той скъæты: сæ кæнонтæ агуырдтой. Ус сагъæсы бацыди. Иуæй сæргътæ хъуына кодтой, иннæмæй бæхтæ æддæмæ тыдтой, æмæ уæд ус ныббогъ-богъ кодта. Лæппу йæм æдзынæг кастис æмæ авдæны чъилтæ арæмыгьта æмæ усгур лæппуйæ рагæпп ласта. Къуымты зилы, цыргьаг агуры,^фæттæ, дам, цæмæй акæнон. Мад фæтарсти. Дуар ыл ахгæдта. Йæ тиумæ бауад æмæ йæ уымæн радзырдта. Лæппумæ куыд уади, афтæ иуæн дæр, иннæмæн дæр «æгасцуай» кодта æмæ сæ фарста, мæ фыдæн, дам, хæцæнгарз 95
ыицы баззад? Авæрдтой йæм кард. Фæттæ дын акодта. Уæл- хæдзармæ суади. Цъиутæ æрбамардта. Райсомæй сыстад æмæ афтæ, æз, дам, цуаны цæуын. Мад сагъæсы бацыди, нырма, дам, фæндæгтæ куынæ зоныс, æндæр куынæ зоныс, уæд кæдæм цæуыс?! Лæппу афтæ, æз, дам, фæндæгтæ иууылдæр зонын. Цуаны ацыди. Фæзылди, фæзылди, стæй изæрырдæм саг амард- та. Цыппар саджилæджы æрсагьта. Уæхстытæ скодта ’мæ цып- пар саджилæгыл физонæг æрсагъта. Йæ саджы мард афистæг кодта. Хæссынæввонг æй скодта. Йæ хызыны фарс кæрдæджы гуцъулайæ ныссæрфта. Физонджытæ ууыл æркалдта ’мæ загъта:' нырма бирæ нæ зонын, фæлæ кæй зонын, уыдон дæр ам фестæнт \ æмæ иумæ куыд баминас кæнæм! Уыцы ныхасимæ саг фæстæмæ райгас. Лæппу йæ къухтæ ныццагъта, мæнæ диссаг, зæгъгæ. Саг æм фæстæмæ фæзылд æмæ йын афтæ: —.Æз диссаг нæ дæн, фæлæ кæд уыйбæрц хорз лæг дæ, уæд диссаг цуанон Хæсанæ у, ’мæ уый фен! \ Йæхæдæг хъæды бафардæг. Лæппу йæ хызын арæвдз кодта. Йæ фæттæ йе ’фцæджы афтыдта. Сæхимæ æрцыд æмæ йæ мадæн рахабар кодта. Загъта йын, æз цуанон Хæсанæйы агурæг цæуын. Уый бакатай кодта, ныдздзынæзта: — Ма бакæн, дæ фыд дæр æй бирæ фæцагуырдта ’мæ ницы бакодта,\æрмæст низ ссардта. Ды дæр ницы бакæндзынæ æмæ ма ацу! \ Нæ баихъуыста лæппу. Йæхи бацæттæ кодта. Æртæ бæхæй иу раласта.чАрæвдз æй кодта. Йæ мадæн загъта: — Хæссьгнæн рог чи уа, хæрынæн — адджын, ахæм хæри- наг мын! \ Ацыд лæппу. Фæцагуырдта йæ, фæцагуырдта йæ, фæлæ га- лиу фæндагыл бафтыд æмæ ницы ссардта. Йæ бæх амард, æмæ йæ саргъ йе ’ккой æрхаста. Дыккаг бæх раласта. Мад та йын фæндаггæгтæ скодта. Уый та афæдзæй-афæдзмæ фæзылди. Ницы та ссардта. Йæ бæх та амард. Йæ саргъ та йе’ккой æрхас- та, афтæмæй фæстæмæ æрцыд. Уæд та æртыккаг бæх раласта ’мæ ацыд. Мад дæр ын ни- цыуал загъта. Цæуы, цæуы. Цас фæцыд, уæд иу ран, иу æрхæй урс бæхыл урсзачье зæронд лæг ссыд. Йæ ехс дæр, йæхæдæг дæр æрттывтытæ калдтой. 1— Дæ фæндаг раст,— дзуры йæм зæронд лæг. — Дæ хъуыддаг раст! — Цæй тыхстхуыз дæ? 96
— .Ныр дыууæ азы зилын цуанон Хæсанæйы фæдыл. Мæ фыды бынтæ дæр бахордтон, фæлæ никуы ’мæ ницы. — Мæнæ ацы фæндагыл ацу ’мæ ныртæккæ дæр бахæццæ уыдзынæ. Фæндагыл фендзынæ бирæ фосгæстæ. Уыдон баф- æрсдзынæ, цуанон Хæсанæ кæм цæры, зæгъгæ. Æмæ дын æй уыдон амондзысты. Ацыд лæппу. Рæгъаугæсмæ бахæццæ. — Дæ фос бирæ! — Æгас цу! — Цуанон Хæсанæ кæм цæры, уый нæ зоныс? — Цуанон Хæсанæйæ уыцы дзырд и, уазæг куы уа, уæд æхсæв фысым куыд кæна, афтæ. Лæппу фысым бакодта. Байраг ын аргæвста. Хорз æй фед- та. Райсом та цæуын байдыдта ’мæ гал рэйгъаумæ схæццæ. — Дæ бон хорз, дæ фос бирæ уæд! — Æгас цу! — Цуанон Хæсанæ кæм цæры, уый нæ зоныс? — Цуанон Хæсанæйæ уыцы дзырд и ’мæ æхсæв уазæг фы- сым куыд кæна. Бафысым кодта. Род ын æрбаргæвста. Хорз æй федта. Рай- сом та цæуын байдыдта, цæуын байдыдта ’мæ хъомгæсмæ схæццæ. — Дæ изæр хорз æмæ дæ фос бирæ! — Æгас цу, уазæг! Цуанон Хæсанæ кæм цæры, уый нæ зоныс? — Цуанон Хæсанæйæ уыцы дзырд и, уазæг куы уа, уæд æхсæв фысым куыд кæна. Фысым бакодта. Уый дæр та йын род аргæвста. Хорз æй федта. Райсомы та йæ фыргæсмæ сардыдта. Цæуы, цæуы ’мæ фыргæсмæ схæццæ. — Дæ изæр хорз æмæ дæ фос бирæ! — Æгас цу, уазæг! — Цуанон Хæсанæ кæм цæры, уый нæ зоныс? — Цуанон Хæсанæйæ уыцы дзырд и, уазæг куы уа, уæд æхсæв фысым куыд кæна. Бафысым кодта. Фыр ын аргæвста. Хорз æй федта. Райсом та цæуын байдыдта ’мæ изæрæй сæгъгæсмæ схæццæ. — Дæ изæр хорз, æмæ дæ фос бирæ! — Æгас цу, уазæг! — Цуанон Хæсанæ кæм цæры, уый нæ зоныс: — Цуанон Хæсанæйæ уыцы дзырд и, уазæг куы уа, уæд фысым куыд кæна. 7 Махдуг№ I, 1999 97
Фысым бакодта. Сæгъ ын аргæвста. Хорз æй федта. Райсом араст. Цæуы, цæуы ’мæ изæрæй гогызгæсмæ схæццæ. — Дæ изæр хорз æмæ дæ фос бирæ! — Æгас цу! Цуанон Хæсанæ кæм цæры, уый нæ зоныс? — Цуанон Хæсанæйæ уыцы дзырд и, уазæг куы уа, уæд фысым куыд кæна. Бафысым та кодта Гогыз ын аргæвста. Хорз æй федта Йе ’хсæв уым арвыста Райсомæй цæуы, цæуы ’мæ хъазгæсмæ бахæццæ. — До бон хорз æмæ дæ фос бирæ! — Æгас цу! — Цуанон Хæсанæ кæм цæры, уый нæ зоныс? I — Цуанон Хæсанæйæ уыцы дзырд ис, уазæг куы уа, уæд> фысым куыд кæна. I Фысым бакодта. Хъаз ын аргæвста. Хорз æй федта. Райсом? та йæ бабызгæсмæ сардыдта. Ацыди та. Цæуы, цæуы ’мæ изæрæй бабызгæсмæ схæццæ. — Дæ изæр хорз æмæ дæ фос бирæ! — Æгас цу! — Цуанон Хæсанæ кæм цæры, уый нæ зоныс? — Цуанон Хæсанæйæ уыцы дзырд и, уазæг куы уа, уæд фысым куыд бакæна. () Бафысым кодта лæппу. Бабыз ын аргæвста. Хорз æй федта. Райсом æй кæркгæсмæ сардыдта. Цæуы, цæуы æмæ уалынмæ кæркгæсмæ бахæццæ. — Дæ бон хорз, æмæ дæ фос бирæ! — Æгас цу, уазæг! — Цуанон Хæсанæ кæм цæры, уый нæ зоныс? — Цуанон Хæсанæйæ уыцы дзырд и, уазæг куы уа, уæд фысым куыд кæна. Бафысым кодта. Карк ын аргæвста. Хорз æй федта. Райсом ын загъта, ацу, ныр хъæу хæстæг у. Хъæуы æвзист бæхбæттæн кæй разы уа, уый у цуанон Хæсанæ. Уæд бацыд хъæумæ. Кæсы ’мæ иу лæг сыл хæрæг æмæ нæл хæрæгæй най кæны. Сæ бырынчъытæ хæрдмæ зылд хæрджытæн. Салам ын радта: — Дæ бон хорз, хорз лæг! — Æгас цу, уазæг! , — Цуанон Хæсанæ кæм цæры, уый нæ зоныс? • — Мæнæ ам уæлæмæ куы ссæуай, фæстæмæ иннæ уынджЫ куы ’рзилай, уæд æй ссардзынæ. Лæппу уæлæмæ ацыди. Уый Хæсанæ йæхæдæг уыд, йæ дыу-< 98
уæ хæрæджы амбæхста. Йæхи ацагъта, ’мæ йе ’взист бæхбæттæны размæ æрцыди. Лæппу дæр уырдæм æрхæццæ. — Дæ бон хорз, хорз лæг. — Æгас цу, уазæг! — Цуанон Хæсанæ кæм цæры, уый нæ зоныс? — Мæнæ, мæнæ! Цы хур, цы къæвда дæ æрбахаста ардæм? Ардæм халон лæгæн йе стæг дæр куы нæ æрбахæсдзæн. Æнæ хъуыддагæй мæм хъуамæ не ’рбацыдаис, хорз уазæг? Сырдтæн дæр ма диссагæн куы баззадтæн. Уæд ын лæппу йæ хабар кæрæй-кæронмæ ракодта. — Гъер, лæппу, федтай кæуылты фæцыдтæ, уым мæ адæм, мæ фос. Уыдон мæн сты. Æз ус нæ ракуырдтон. Адæм мæм æрыз- дæхтысты, цуанон Хæсанæ, дæ ис, дæ бон цы фæкæнай, уымæн кæрон куы нæ ис, уæд ус цæуылнæ курыс, дæ мады зæронды цæуыл тухæнæй марыс? Иу чызгыл сдзырдтон. Тынг рæсугъд, гуырвидауц, урс дæллагхъуыр чызгыл сдзырдтон. Мæ хъусыл афтæ æрцыдис, уымæн, дам, уарзон ис. Йæ уарзонæн та, дам, ирæд фаг нæй, æмæ йæ йæ мад æмæ фыд ирæд кусынмæ арвыстой. Æз æй нал куырдтон. Адæм та мæм æрыздæхтысты. Ракуырдтон æй æмæ та мæ каистæм нал цыдтæн. Адæм та мæм æрыздæхтысты. Хъуы- дыты аныгъуылдтæн: мæ хъуыддаг мастмæ куы рахиза мыййаг, уыцы уарзон куы сыздæха. Нал та йæ хастон. Адæм та мæм æрыз^ дæхтысты. Мæхи срæвдз кодтон. Арвыстон хонджытæ. Барджытæ комы нарджыты нал цыдысты, кæрæдзи къуырдтой, уыйас адæм мæм æрцыди. Æртæ æхсæвы ’мæ æртæ боны мæ чындзæхсæвы фæбадтысты адæм. Чындзы сæ размæ ракодтой. Сызгъæрин рон æй нарæг балвæста. Арвыл стъалытау цæхæртæ калдтой риуыгъ- нæджытæ. Бæрзонд сызгъæрин худ тæмæнтæ калдта. Фыр- рæсугъдæй йæм бакæсæнтæ нæ уыд чындзмæ. Чындзы æртæ зыл- ды ракæнын кодтой. Барджытæ йæ алыфарс хъазыдысты æмæ чындзы сæрыл сызгъæрин æмæ æвзист æхца калдтой. Уыдонæй кæри сси чындзы раз. Алчидæр адæмæй йæ хæдзармæ ацыди. Цыппæрæймаг æхсæв куы’рцыди, уæд мæ уатмæ бацыдтæн. Ныр мæ хуыссæныл мæхи æруадзон, зæгъгæ, уæд мæм чидæр бадзырдта: — Цуанон Хæсанæ, æддæмæ ма ракæс! Дуар нæ гом кодтон, ныр æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы ам куы фæбадтысты. Къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын дæр куы ацыдысты, уæд ма кæмæй цы ферох, зæгъгæ. Куы нæ цыдтæн, уæд чындз дзуры: — Ау, цуанон Хæсанæ дзурæгмæ нæ ракаст, уый дæ чи фехъ- уса, уый дæ цы хондзæн? 99
Ног чындз куы сдзырдта, уæд фефсæрмы дæн. Куыддæр) дуар фегом кодтон, афтæ мæ дзурæг ехсæй æрцъыкк ласта: ." — Цуанон Хæсанæ, сау хæрæг фест æмæ ам дæлæмæ о-гъи,5 о-гъи-гæнгæ цу! -; Æз хæрæг фестадтæн. Уынгты уасгæ ацыдтæн, æмæ мае! æхсæв-бонмæ куыйтæ ратæр-батæр фæкодтой. Чындзмæ йге уарзон бацыд. Изæры та лæг фестадтæн. Мæ уатмæ та бацыдтæн; Мæхи цынадтон. Мæ гæрзтæ аивтон. Нал акæсдзынæн, зæгъгэе, загътон мæхицæн. Куыддæр та мæхи æруадзынмæ хъавыдтæн^ афтæ та мæм бадзырдæуыд. — Цуанон Хæсанæ, æддæмæ ма ракæс! Нал акæсдзынæн, загьтон. Сылгоймаг та мæ быны бабырыд. — Ау, кæд уый æндæр дзурæг у, уæд та? Цæуылнæ йæл^ акæсыс? Дыууæ боны йеддæмæ мæм нæма и æмæ мæм йæ дзырд^ куыд æппары, зæгъгæ, та фефсæрмы дæн. Куыддæр та дуар* фегом кодтон, афтæ та мæ дзурæг æрцъыкк ласта: «Цуанон? Хæсанæ, уызын фест!» Уызын фестадтæн. Æхсæв-бонмæ та| мæ куыйтæ ратул-батул фæкодтой. Дыккаг изæр та лæг фес-' тадтæн. Мæхи та цынадтон. Мæ дзаума аивтон. Мæ уатмæ та, бацыдтæн’. Ныр мæ хуыссæныл мæхи æруадзон, зæгъгæ, афтæ та мæм бадзырдæуыд: ?< — Цуанон Хæсанæ, æддæмæ ма ракæс! Нал æм ракæсдзынæн, загьтон мæхицæн. Ног чындз та мæм бауырдыг, уый та куыд, уый дæ чи фехъуса, уый дæ цы хондзæн, зæгъгæ. Фефсæрмы та дæн æмæ, куыддæр дуар фегом кодтон, афтæ та мæ дзурæг ехсæй æрцъыкк ласта: «Цуанон Хæсанæ, куыдз фест æмæ дæ дунейыл куыдзæй фæцæр!» Атахтæн та. Куыйтæ мыл амбырд сты. Чи мæм къæпп кодта, кæмæ мæхæдæг къæпп кодтон. Сбон и. Бафæлладтæн æмæ æртæ фæндаджы астæу зæххы хъæбæрыл схуыссыдтæн. Хуыссын, æмæ дыууæ барæджы æрбацæуы — хæрамзæрдæ ’мæ хæларзæрдæ. Уыдон мыл ныддис кодтой, уæртæ, цы рæсугьд куыдз и, зæгъгæ. Ныр сæ дыууæмæ дæр фысты дзугтæ, æмæ сын сæ æхсæв бирæгъ цагъта. Сидынц мæм, æмæ мæ сæр нæ хъил кæнын. Уæд хæларзæрдæ лæг афтæ, цæй, æмæ йæм иумæ ба- сидæм, æмæ кæй фæсарц абада, уый фод. Басидтысты мæм. Æз хæларзæрдæ лæджы фæсарцмæ сгæпп ластон. Уый мæ йэе хæдзармæ бахаста. Кусарт мын акодта. Тæбæгъы мын дзидза æрæвæрдта. Къусы мын бас æркодта. Бахордтон. Изæры мын баз, хъæццул, гобан йæ фысты кæронмæ æрæвæрдта. Уат мын бакод- та. Æрхуыссын мæ кодта. Уалынмæ бирæгъты æрдонг æрбац-.' æуы. Æрбадзырдтой мæм: 100
— Цуанон Хæсанæ, уым дæ, уый зонæм, æмæ цом æви цы кæнæм? Радзырдтон сæм: — Кæд ма уæ цæрын фæнды, уæд ма ’рбацæут! Кæд уæ цæрын нал фæнды, уæд рацæут æмæ уын мæхæдæг амал кæндзынæн! Бирæгътæ аздæхтысты. Райсомæй лæг ссыд. Йæ фосыл йæ цæст ахаста. Куыдзы, мæн, йæ хæдзармæ æркодта. Кусарт та мын акодта. Хорз мæм фæкасти. Дыккаг æхсæв æм хæрамзæрдæ лæг æрбацыд. Иумæ, дам, æй куы ссардтам, мæнæн дæр ма йæ иу æхсæв ратт. Мæ фос, дам, мын бирæгътæ æмбис фæкодтой. Акодта мæ. Уазал доныл мын хоры луарæнтæ байзæрста æмæ мын сæ тæгæнайы æркодта. Куы нæ сдæрдтон, уæд дынджыр хъил кауæй фелвæста æмæ мын дзы ме рагъ æртæ хафты ныккодта,дæ бындар фæдæ, дæ хæдзары дын уымæй хуыздæр хæринæгтæ вæййы, зæгъгæ. Босæй мæ фосы размæ аласта æмæ хъæмпыл æрхуыссыдтæн. Уалынмæ æмбисæхсæв бирæгъты æрдонг æрбацыд æмæ мæм æрбадзырдтой: — Цуанон Хæсанæ, уым дæ уый зонæм æмæ цы бакæнæм? —Рацæут! Кæд ма къуылых бирæгъ искуы и, уæд уый дæр ракæнут. Мæхæдæг дæр уе ’мбал, афтæмæй нæ фаг уыдзысты. Æрбацыдысты. Æхсæв-бонмæ фосæн фаг фесты. Райсомæй хæларзæрдæ лæджы хæдзары смидæг дæн. Хæрамзæрдæ æрба- цыд æмæ зæгъы: — Æнæрай фæкæ дæ куыдзæй, мæ фос мын ныццагътой бирæгътæ! Куыдзы хабар айхъуыст. Уæд иу æлдарæн афæдзæй-афæдзмæ иу лæппу райгуырд. Йæ афæдзы бон-иу куы’рхæццæ, уæд-иу ын æй гæды бахордта. Æлдар æм æрбарвыста, дæ куыдзы мын авæр. Кæд мын мæ лæппуйы бахъахъхъæна, уæд мæ ис, мæ бон демæ дыууæ æмбис бак- æндзынæн. Æлдаратæ мæ акодтой. Бацамыдта сын, хорз æй сбуц кæнут, зæгъгæ. Гогыз мын аргæвстой. Царвы йæ сфыхтой. Хорз мæ сбуц кодтой. Стæй мын сæ авдæны раз уат бакодтой. Уалынмæ гæды рудзынг æрбахоста: — Цуанон Хæсанæ, уым дæ, уый зонын, фæлæ цæуон æви цы кæнон? — Кæд ма дæ дæ цард хъæуы, уæд дæхи дæр ма ’рбавдис! Кæд дæ дæ цард нал хъæуы, уæд рацу. Уæд гæды рудзынг скъуырцц ласта’мæ æрбацыд. Æз фæгæпп ластон æмæ гæдыйы хурхыл фæхæцыдтæн. Къæпсыртæ хурхы уадындзтæм хæццæ кæнын куы байдыдтой, уæд дзуры: 101
— Суадз мæ æмæ дын исты хорз фæуыдзынæн. Дзырд мын радта æмæ гæдыйы ауагътон. Райсом адæмыл айхъуыст, æмæ æлдары хæдзармæ адæм арфæмæ цыдысты. Æлдары ус цикъæйæ дыууæ гыццыл хордзены ахуыдта. Уыдо- ны сызгъæрин æмæ æвзист æхцайæ айдзаг кодта æмæ мын сæ мæ хъуырыл абаста. Адæм мæ фæндагыл дыууæрдыгæй æрлæу- уыдысты, уыдон раскъæфынмæ. Æз се ’хсæнты уыциу тахт ра- ластон æмæ хæларзæрдæ лæджы хæдзары смидæг дæн. Æхца уымæн радтон. Рацыдтæн æмæ дондзаувæндагыл схуыссыдтæн. Иу чызг донмæ дыууæ дурынимæ рацæуы. Дыууæ дурыны мæ разы æрæвæрдта. Йæхæдæг мæ хæдзармæ фæуайы. Бацыди. Уым чындз^æмæ йæ уарзон хъæбыс-хъæбыс бадынц. Чызг гæды фес- тад. Йæхи доны стылдта. Уым. рудзынгыл хуыр-хуыр кæны. Лæг афтæ: — Уыцы гæды нæ куы уаид, уæд дзы хъазиккам. Ус йæхи фæцæймардта, ма йæ æрбакæ, зæгъгæ. Лæг ын афтæ, цæмæй дзы тæрсыс, æз æй афтæ æрцæвдзынæн æмæ йæ дуне- йыл куыдзæй куыд фæцæра. Æрбакодтой гæдыйы. Уый хъазы, хъазы. Куы усы æфцæджы йæхи ауадзы, куы — лæджы. Афтæмæй ус æмæ лæг бафынæй сты. Гæды уæд къулæй, Цуанон Хæсанæйы цы ехсæй цавтой, уый раскъæфта ’мæ йæ Цуанон Хæсанæмæ æрхæццæ кодта. Ныццавта йæ: — Цуанон Хæсанæ, нырмæ куыд уыдтæ, уымæй авд хатты хуыздæр фест! Цуанон Хæсанæ куыд уыд, афтæ фестадтæн фæстæмæ. Ехс рахастон. Мæ хæдзармæ ссыдтæн. Лæг æмæ ус хуыссынц. Æз сæ æрцавтон æмæ загътон. — Уæдæ сыл хæрæг æмæ нæл хæрæг фестут, уæ бырынчъы- тæ хæрдмæ! Хæринаг куыд уынат æмæ уын дзы уæ гуыбынмæ куыд ницы цæуа, афтæмæй цæрут! Гъе уыдонæй мæ найгæнгæ федтай ды. Уыцы дондзау чыз- джы та ракуырдтон. Цуанон Хæсанæ лæппуйæн радта дыууæ бæхы. Йæ къахæй, йæ къухмæ йæ сфæлыста, гъемæ йæ афæндараст кодта. Æлбораты Хъæвдыны чызг Аминæты ныхæстæй йæ 1966азы 14 сентябры Ираны хъæуы ныффыста Цагъаты Анастасия. Аминæтыл уæд цыди 80 азы, уыд æнахуыргонд, зæххыкуыстгæнæг. 102
СЫВÆЛЛÆТТЫ ХЪÆЗТЫТÆ* кинти Гъазунцæ си зумæги йехбæл. Биццеутæ скæнунцæ гæнæ æхситæ сæ дæргъцæ 1,5 м. Ахирхунцæ кæрзæ, акъаци кенæ æндæр федар гъæдæй къæбæл 5—6 см бæрцæ, ниххуайунцæ си зæгæл, зæгæли фий гъæуама 1 см бæрцæ кæса æндæмæ къæбæлæй, ма си рауайуй кинти. Гæнæ æхсæ ибæл истохунцæ. Æхси иннæ кæрон ба сæ еу къохбæл бабæттунцæ. Уæдта йеугурæй дæр йеумæ фехсунцæ йехмæ кинти, æхсæ ци къохбæл баст у, уой ба ратъæпп кæнунцæ ма кинти зелунцæ йехбæл. Кинти зелдæн ахъаз æй æхси цæф, никкидæр ма биццеутæ ахид цæвунцæ кинти ма тухгиндæр зелунцæ. Хъæбæр цæуй аци гъазт сувæллæнтти зæрдæмæ. ДЗОДЗАНТÆ Биццеутæ æхсæрæ бæласæй ралух кæнунцæ лæдзгутæ 50—70 см. дæргъцæн, йæ еу кæронæ циргъ искæнунцæ. Дзодзæн æй хонунцæ. Рандæ унцæ зæлдæ рауонмæ. Хæлттæ исгæлдзунцæ, ’мæ ке халæ исхауй, йе райдайуй игъазт. Бад- зубанди кæнунцæ, гъазт кутемæй цæудзæй, уобæл. Фиццаг хай, йе æ йеу къохæй хуæцуй дзодзæнбæл, хæрдмæ ’йæ се- суй ’ма æ тухæ æ бонæй ниццæвуй зæлди. Дзодзæн гъæуа- ма федар лæууа зæлди. Дуккаги ихæс æй фиццаги дзодзæ- ни рæбуни йæхе дзодзæн уотæ ниццæвун, ’ма æхе дзодзæн уоми куд байдзайа, фиццаг ба куд рахауа. Алке дæр кæнуй еу цæф. * Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта ТМЕНЛТЫ Дзерассæ. 103
ТЕППИТÆ Сувæллæнттæ зæлдæ хуарз кæми фæууй, уохæн рауæн рав- зарунцæ. Æхсæрæ бæласæй ралух кæнунцæ 30—50 см дæргъцæ къæдзæ лæдзгутæ ’ма тепп 25—20 см дæргъцæ. Бадзубанди кæнунцæ 100—200 лæдзæги дæргьцæ бæл. ’ Уæдта искæнунцæ минкъий къагъд. Йæ алфамбулай ин ханх æркæнунцæ. Къагъдбæл ниввæрунцæ тепп. Йеу фондз метри идарддæр æррæстæ ханх искæнунцæ ’мæ йеци рауæнæй тепп цæвунцæ. Ка йæ райергъæвуй, уой райдайуй гъазт. Нур ба тепп æриварунцæ къагъди кæрони. Гъазæг цæвуй, теппæн къагъдирдæмæ ци кæрон лæууй, уой. Тепп хæрдмæ ис- хауй, ’ма гъазæг ба гъæуама тепп уолдæфи уогæй æ къæдзæ лæдзæгæй никъкъуæра. Тепп кæми æрхауй, уордæмæ баруй æ лæдзæгæй. Ку бахъæртуй теппи онгæ, уæд бабæй нæуæгæй никъкъуæруй тепп ма бабæй баруй лæдзæгæй. Кæд бадзубандигонд. нимæдзæ искæнуй, уæд рамбулдта. Райсуй еу къохæй тепп ’ма лæдзæг. Тепп хæрдмæ исгæлдзуй еци къохæй, уæдта ’й лæдзæгæй ниццæвуй. Ке хæццæ гъазуй, уой рагъбæл исбадуй, ма ’й йе хæссуй, тепп кæми фæцæй, уой. уонцæ. Ку бахъæртунцæ, уæдта æ лæдзæгæй, биццеубæл бадгæй, нæуæгæй ныкъкъуруй тепп. Ку нæ бамбæла теппбæл, уæд рахезуй, ’ма иннæ биццеу гъазуй. ХЪУЛÆЙ ХЪАЗТ Хъулæй хъазджытæй алкæмæ дæр вæййы 10—15 хъулы. Æрхахх кæнынц зиллакк. Йæ мидæг æмраст хахх. Æрæвæрынц ыл хъултæ. Зиллаккæй 5—20 метры дарддæр æндæр раст хахх. Уырдыгæй хъавынц, .зиллаччы мидæг цы хъултæ ис, уыдонмæ. Зиллаккæй цы хъул рахауа, уый у, чи йæ ракъуырдта, уый. Хъулы алы фарсæн дæр ис ном: 1) сах — нарæг уырынг фарс (хъул ацы уавæры куы абады, уæд у сеппæтæй хуыздæр, кадджындæр); 2) тæу — иннæ нарæг фарс, æцæг лæгъз; 3) фыр — уæрæх фарс (уæлæмæ къуыпп); 4) цыг — иннæ уæрæх фарс (дзыхъхъ дзы). Хъул арæхдæр хауы ацы фарсыл; 5) хъен — хъул йæ сыкъатыл куы слæууы, уыцы уавæр; 6) хъен — уый дæр хъулæн йæ иннæрдыгæй цъупп; Хъулæй хъазгæйæ сывæллон кæны цырддзаст, арæхстджын. 104
ХЪÆБЫСХÆСТ Ирон адæммæ хъæбысхæст тынг кадджын у. Чысылæй фæстæмæ сывæллæтты ахуыр кæнынц уæнгдых æмæ домбай уæвыныл. Хъæбысхæст уыд цалдæр хуызы: а) æрмæст цæнгдыхæй хæст; б) астæуыл (ронбастыл) хæст; в) уæгъдибар хъæбысхæст (къухтæ æмæ къæхтæй дæ бон æмæ дæ амалæй архайгæйæ). Цæнгдыхæй хæстыл тынгдæр ’æфтыдтой 10—14-аздзыд сыв- æллæтты. Хъуамæ æнæдур ран, нæууыл дыууæйæ ныххæцыда- иккой кæрæдзийы мæкъуыстæгтыл æмæ сæ алчидæр архайа йæ ныхмæлæууæджы æрфæлдахыныл. Дæргъвæтин рахæц-бахæ- цы фæстæ исчи куы фæтасы, йе ’рхауы, уæд уый састы бынаты баззайы. Ронбастыл хæсты дæр фылдæр архайынц 10—14-аздзыд лæппутæ. Дыууæ лæппуйы ныххæцынц кæрæдзийы рæттыл. Алчидæр сæ архайы æрфæлдахын иннæйы. Уыимæ бардзырдмæ гæсгæ хъуамæ архайой къæхтæй дæр, кæнæ та къæхтæ къуы- рыны бар нæ вæййы. Уæлахиз вæййы тыхджындæр æмæ ар- æхстджындæр змæлд чи кæны, уый. Гыццылæй-стырмæ се ’ппæтæн дæр уæлдай уарзон у хъæбысæй-хъæбысмæ хæст. Гыццыл лæппутæ къахыл уайын куы райдайынц, уæд сæ райдайынц уыцы хъазтыл ахуыр кæнын. Амонынц сын, куыд æй æрлæууын хъæуы, ом^ иучысыл фæгуы- быр кæна, йæ гуыр размæ, йæ къухтæ размæ ацахсынæввонг. Къæхтæ иучысыл хæбæцц æмæ аф. д. Ацы хæсты ис сæрты æппарæн, къæхтæ æрцахсæн æмæ аф- æлдахæн, бæрзæй æрцахсæн, къæхтæ къуырæн, къах фæдарæн, кæнæ ныхмæлæууæджы къахыл дæхи къах æртухын æмæ бирæ æндæр гæнæнтæ. Хъуыдыгонд цæуы уый, æмæ исты уæнг куыд нæ асæттой, фыдæвнæлд куыд нæ кæной, дæндагæй куыд нæ æвналой æмæ аф. д. Хъæбысхæст фидар кæны сывæллæтты уæнгтæ, ахуыр кæнынц цæрдæг змæлдыл, цырддзаст уæвыныл, дæтты сын ныф- схастдзинад. ЗЫМÆГОН ХЪАЗТ Сывæллæттæ зымæджы æрцыдыл алкæддæр тынг цин кæнынц. Раджы-иу фæлмæн хъæды мыггагæй сæхицæн 105
скодтой зымæджы агъоммæ къæлæттæ, дзоныгътæ, къах- дзоныгътæ. Мит рауарыд зæгъгæ, уæд-иу арæзтой бырæн обæуттæ æмæ сыл дон ка^дтой, кодтой митын чындзытæ, мæсыгтæ. Мæсыгтæ арæзтой ерысæй, бæрзонддæр кæмæн уа, зæгъгæ. Мæсыджы бæстастæу сагътой хъил. Уыцы хъилæн йæ иу кæроныл рагацау фидаргонд цыд 1 — 1,5 хъæды лыггаг. Йæ дыууæ кæроныл баст цыди даргъ бæндæнтæ. Хъил-иу куы ныссагътой митын мæсыджы, уæд бæндæнтæ хæццæ кодтой зæхмæ, æмæ-иу сæ цæгбаст ба- кодтой. Сæ иугай къæхтæ-иу цæгты атъыстой, иннæтæй та зæххæй сæхи ассыдтой æмæ митын мæсыджы алыварс зылдысты афтæмæй. ХУД ФÆСТЕ ÆВÆРЫНТÆЙ ХЪАЗТ Ацы хъазты вæййы къорд лæппуйы, суанг ссæдз æмæ уымæй уæлæмæ. Лæппутæ æрбадынц кæрæдзимæ хæстæг æмæ саразынц зилакк. Иу йæ худ сисы æмæ зиллаккыл зилы. Бадджытæй йæм алчидæр аивæй йæ цæст дары æмæ цырд лæууы. Кæд искæйы фæстæ худ æрæвæра, уæд уый хъуамæ феста, худ йæ къахæй тынг ныкъкъуыра æмæ, цалынмæ худы хицау худмæ згъора, уæдмæ хъуамæ иннæ та лæппуты зиллаччы алфамблай æрзила æмæ йæ бынат бацахса. Уæгъд бынаты раздæр чи абады, уый йæ бацахсы, иннæ та худимæ зилы къордыл. Вæййы афтæ дæр æмæ худимæ зилæгмæ дæ цæст нæ дарыс - æмæ дын æй дæ фæстæ æрæвæрдта, ды та йæ нæ фæхъуыды кодтай,— уæд ды йæ бынаты лæууыс, уый та дæу ивы. ФÆЛДАХЫНТÆЙ ХЪАЗТ Фæлдахынтæй хъазынц 12—14-аздзыд лæппутæ. Иу йæ сæрыл хъен слæууы, дыккаг бацæуы йæ размæ æмæ йын йæ астæуыл йæ къухтæ æрбавæры æмæ йæ сисы, йæ сæрæй зæхмæ куыд нæ хæццæ кæна, афтæ. Æртыккаг бацæуы хæстæг, йæ чъылдым сæм фæцаразы æмæ, хæрдмæ хъен чи лæууы, уый къæхтыл фæхæцы æмæ йæ йæ сæрты рафæлдахы. Уæд, йæ къæхтыл чи лæууы, уымæн йæ сæр фæбынмæ вæййы. Ацы хъазтæй хъазы йæ тыхæй йæ ныфс чи хæссы, уый. 106
КÆЙ УАСÆН СУАСА ? Уалдзæджы хæрис къуыбыр куы раппары, уæд лæппутæ кæнынц уасæнтæ. Хæрынкъа, кæнæ^ кардæй ралыг кæнынц, æрхытæ кæуыл нæ уа, ахæм къалиу. Йæ иу кæрон ын зул алыг кæнынц, кардæй æрзилынц цъар кæуылты феуæгъд уыдзæн, уыцы ран. Уасæн кæцæй æхситт кæндзæн, уым хæрисы цъарæй чысыл сæппарынц кардæй, стæй йæ карды фистонæй арæхст- гай хойынц, куыд нæ асæтта. Лæппутæй иу дзуры: Сау цъиу — дыгоппон, Æз та дын цы кодтон? Цалынмæ хæрисы цъар рахаудтаид, уæдмæ иннæ лæппу дæр хоста йæ уасæн æмæ дзырдта: Баби-баби, — бапп-бапп, Доны ма мæ баппар! Æртыккаг дæр-иу сæм бадзырдта: Уызын, уызын, Уызынбег, Фæцæуы дæм Хъызылбег. Куыддæр-иу уасæны цъар искæмæн рахауд, афтæ иу дзы ныууасыд. Фыццаг-иу чи ныууасыд, уый нымад цыди сæрæндæр, арæхстджындæрыл æмæ иу рамбылдта. ЦЪЫНДÆМБÆХСЫНТЫ ХЪАЗТ Ацы хъазтæй сывæллæттæ фылдæр хъазынц изæрдалынг- ты. Хъазт райдайы нымадæй. Нымайгæ та кæны цырддæр æмæ дзыхарæхстдæр. Иумæйаг бадзырдмæ гæсгæ цъынд кæны, æппæты разæй чи рахауы нымадæй, уый, кæнæ та фæстагмæ чи баззайы, уый. Бадзырд ма кæнынц ноджы, дыккаг рады цъындгæнæг чи уыдзæн, ууыл дæр, ома фыццаг кæй ссара, уый кæнæ фæстагмæ кæй ссара, уый. Чи оацъынд кæны, уый æнхъæлмæ кæсы, цалынмæ иууылдæр бамбæхсой, уæдмæ. Стæй рацæуы æмæ агуры. Кæй ссара, уый цъынд кæм кодта, уыцы бынатмæ батæхы æмæ фæзæгъы: «Ту- ту (фæзæгъы кæй ссардта, уый ном) дæуæн». Сывæллæттæ кæрæдзийы дзауматæ дæр акæнынц, цæмæй цъындгæнæг фæрæдийæ æмæ та ног бацъынд кæна. Арæхстджын хъазæг арф куы бамбæхсы, æмæ йæ цъындгæнæг куы нæ фæары, уæддæр фæзæгъы: «Сæттын, ног цъынд кæнын, рацу». Кæнæ та æрæгмæ искæй куы ара, фæлæ йæм фæхæстæг кæны, зæгъгæ, уæд, раздæр кæй ссардта, уыдон 107
хъæр кæнынц: «Фæткъуы, фæткъуы’», ома хæстæг, дам у æмæ хъуамæ æмбæхст æнцад бада. Цъындгæнæг дæр æмбары, кæй йæм бахæстæг, уый. Кæд æмæ сывæллæттæ хъæр кæной: «Кæрдо, кæрдо», уæд дæрддзæф у нырма æмбæхстмæ. ТÆБЬШИСЬШТÆЙ ХЪАЗТ Ацы хъазт у рагон хъæзтытæй. Хъазджытæй иу тæбыны кæрæттæ балхынцъ кæны, стæй йæ йæ къухы уæлæрттæй фæйнæрдæм аивазы. Йæ рахиз астæуккаг æнгуылдз уæллаг таджы сæрты айсы æмæ йæ рахизырдæм айвазы, стæй галиу астæуккаг æнгуылдз дæр уæллаг таджы сæрты айсы æмæ йæ галиуырдæм аивазы. Уый фæстæ та фæстæмæ астæуккаг æнгуылдзæй авналы æмæ галиуæй сисы, рахиз æнгуылдзы рæбын цы таг рауад, уый, рахизæй та — галиу æнгуылдзы рæбын цы таг рауад, уый. Нывæфтыд уыд ахæм: дыууæ æмраст таджы, дыууæ та — дзуарæфтыд чи рауад, уыдон бæстастæу йæ фæйнæ къухæй æрцахсын, айсын сæ æмæ сæ раст тæгты бынты бакæнын, хæрдмæ сыл схæцын æмæ сæ фæйнæрдæм аивазын. Рауайы дзы æндæр нывæфтыд. Уый фæстæ та фыццаг хъазæг (гæнæн ис æмæ æндæр адæй- маг) хъуамæ равдиса йæ арæхст æмæ сиса тæбын йæхи къухтæм æндæр орнамент саразгæйæ. Алы хъазæг дæр архайы, цæмæй тæбыны нывæфтыд рауайа вазыгджын æмæ рæсугъд, уыимæ йæ тæбын ма ныссуйтæ уа æмæ ма фехæла. Хъазджытæй алчидæр архайы æндæр нывæфтыд саразыныл, цæмæй йын уа рæсугъд, æнæнхъæлæджы цымыдисаг орнамент. Дыууæ къухы æнгуылдзты æхсæн сæвзæры чысыл тæбыны гæппæлæй æнахуыр диссаджы хæццæ-мæццæ геометрион фи- гурæтæ. УАРИТÆЙ ХЪАЗТ Сывæллæттæ иуы равзарынц сæхицæн уари, иннæйы та кæркгæс. Кæркгæсы фæдджитыл кæнæ роныл, чи куыд стырдæр у, афта^ разæй ныххæцынц къæдзилæй-къæдзилмæ (иннæ сывæЛлæттæ. — Т. Д.). Кæркгæс райсы йæ къухы худ кæнæ рон уарийы цæвынæн. Уари лæбуры кæрчыты фæстагмæ, кæркгæс • æй цæвы, карк хæссын æй нæ уадзы. Кæркгæс уарийы худæй 108
куы ныццæвы, уæд уари карчы бынаты æрлæууы, кæрчытæй та искæй уари равзарынц. Кæркгæс уарийы цæфмæ куы нæ æрæййафа, афтæмæй уари фæстаг лæппуйыл куы фæхæст уа, уæд лæппу уариимæ ацæуы æмæ йæ хицæнæй сбадын кæны, йæхæдæг та ног райдайы. Ахæм цæрдæг уаритæ вæййы, æмæ йæ кæркгæс цæфмæ нæ баййафы. Афтæмæй сывæллæтты йæхирдыгæй фæкæны. Ахæм цæрдæг кæркгæс дæр вæййы æмæ йæ кæрчытæй иу дæр хæссын нæ ауадзы. Чи фæуæлахиз вæййы, уый вæййы кадджын æфсæддон. Æнгузкъуырьштæй хъазынц сабитæ, уæлдайдæр, æнгузтæ куы фæсатæг вæййынц æмæ сæ цæгъдын куы байдайынц, уæд. Хъазджытæ æрцæуынц фæндагмæ, кæнæ лæгъз, хъæбæр бынатмæ, æнгузæн сæрибарæй тулæн кæм уа, ахæм ранмæ. Хъазджытæй иу хæрдмæ сæппары æнгуз, зæхмæ æрхаугæйæ фæрсырдæм куыд атула, афтæ. Цас дарддæр атула, уыйас хъазæгæн — хуыздæр. Æнгуз кæм æрхауы, уыцы ран иннæ хъазæг æвæры йе ’нгуз, амонæн æнгуылдз стыр æнгуылдзæй ракъæрцц кæны, ныццæвы дзы æнгуз æмæ, кæд йе’мбалы æнгу- зыл сæмбæлы, уæд æй рамбулы, кæд йæ фарсмæ искуы æрлæууы, кæнæ дарддæр атулы, уæд æй фыццаг хъазæг милмæ сисы, акъуыры йæм йæхи æнгуз, æмæ йыл кæд сæмбæлы, уæд æй рамбулы, кæннод та ахæм хуызы дарддæр кæнынц сæ хъазт. Фылдæр æнгузтæ чи фæцæф кæны, уый вæййы уæлахиз. Хъазынæн равзарынц тымбыл æмæ лæгъзцъар æнгузтæ, цæмæй дзæбæх тулой æмæ мачердæм схъиуой. Æнгузкъуырынтæй ас- фальтгонд тротуарыл арæх хъазынц горæты сывæллæттæ. Æнгузкъуырынтæй хъазгæйæ, сабиты цæст кæны рæстдзæвин, фидар кæнынц йæ къухты æнгуылдзтæ, стæй сæ астæуы нуæрттæ æмæ хæцъæфтæ дæр, арæх сæ гуыбыр кæнын æмæ дзуццæджы бадын кæй бахъæуы, уымæ гæсгæ. КЪÆБÆЛ ЗИЛЫНТЫ ХЪАЗТ Дыууæйæ хæлттæ сæппарынц: иу дзы йæ армытъæпæны исты амбæхсы. Кæд æй базона, уæд уый — къæбæл зилæг, иннæ та тæрхонгæнæг. Сывæллæттæ зиллаккæй æрбадынц, къæбæл зилæг къæбæл ныззилы æмæ къæбæлы бæрæг (цыргъ) фындз кæйырдæм фæуа, уымæн гæрхонгæнæг кæны тæрхон. Тæрхонгæнæг хъуамæ ма уына, кæй хал схауы, уый, йæ чъыл- дым у хъазджытæм. 109
Тæрхон кæны кафын, зарын, исты худæг дзурын æмæ аф. д, Хъазт у хъæлдзæг. Хъазынц дзы авдаздзыдтæй уæлæмæ. ХЪРИХЪУППЫТÆ Сывæллæттæ æрæмбырд вæййынц. Дыууæйы равзарынц хистæртæй, ома сæргълæуджытæй. Уыдон ныххæцынц кæрæдзийы къухтыл. Иннæтæ иууылдæр кæрæдзийы фæстæ ныххал вæййынц æмæ заргæ цæуынц: Хъупп-хъупп, хърихъупп, Дойны мын у, хърихъупп. Хал бацæуы, раздæр цы дыууæйы равзæрстой, уыдоны æхсæнты. Уыдон та сæ кæрæдзийы къухтыл ныххæцыдысты æмæ сæ хæрдмæ скодтой. Цæг куы ацæуы кæроны уонг, уæд фæстаг хърихъуппы æруромынц æмæ йæ фæрсынц: — Хæфсджын цъымара дæ хъæуы æви кæсагджын цад? (Гæнæн ис æмæ æндæр исты фарст дæр радтой). Сывæллон цы зæгъа, уымæ гæсгæ æрлæууы иу кæнæ иннæ разамонæджы фæстæ. Афтæ фарст цæуынц цæджы цы сывæллæттæ-хърихъуппытæ ис, уыдон иууылдæр. Куы байуа- рынц цæг, уæд сæ сæргълæуджытæ фидардæр, тыхджындæр сывæллæтты сæ хæдфæстæ æрлæууын кæнынц, къорды уæнгтæ кæрæдзийы астæутыл ныххæцынц. Дыууæ къорды сæргълæу- джытæ сæхæдæг дæр кæрæдзийы къухтыл фидар ныххæцынц æмæ ивазынц алчидæр йæхирдæм. Домбайдæр æмæ æмвæнддæр къорд рамбулы æмæ та ног райдайынц хъазт. МÆ БОГАЛ Дæппуты къорд дыууæ дихы фæвæййынц. Алы къордæй дæр рацæуы дыууæ лæппуйы. Æркæнынц тымбыл хахх. Цы дыгай лæппутæ рацыд, уыдонæй фæйнæ сбадынц иннæты уæхсчытыл æмæ бацæуынц. Бинаг лæппутæ фидар хæцынц, чи сыл бады, уыдоны къæхтыл æмæ хаххы мидæмæ дзурынц: «Мæ богал тыхджындæр у!» Уæлейы чи ис, уыдон кæрæдзийы цæвынц уæхскæй, архайынц кæрæдзийы раппарыныл, хаххæй йæ|федде кæныныл. Чи фæхæрд уа, уый бацæуы, чи йæ рам- былдта, уыцы къордмæ. Хъазынц, цалынмæ иу къорд «сих- сийы», уæдмæ. 110
ЧИ УЫДИ ? Хъазынц дзы æртæ æмæ фылдæрæй. Иу слæууы астæуæй, йæ дыууæ къухы сæвæры йæ хъусыл. Иннæтæ фæстейы лæу- уынц æмæ йын ныццæвынц йæ къухтæ, сæ бучъутæ фæхæрдмæ кæнынц, цыма ницы уыдысты, сæхи афтæ дарынц. Кæд æмæ чи уыд, уый базона, уæд уый слæууы астæуæй. Уым чи лæууыд, уый та æрлæууы иннæты æмрæнхъ æмæ цæвы. Хъазджытæй фыдцæф чи Кæны, ахæмтæ дæр вæййы. МЫСАН КЪУЫРЫНТЫ ХЪАЗТ Сывæллæттæ лæдзджытимæ бирæ хъæзтытæ зонынц. Мы- сантæ къуырынты хъазæн ис иунæгæй, стæй бирæйæн дæр. Иу стыр дурыл сæвæрынц чысыл дур æмæ уымæ хъавынц. Мысан фылдæр фæкъуырынц хæснагыл. УАСДЖЫТÆ Сывæллæттæ зиллакк æркæнынц. Стæй фæкъордтæ вæййынц. Дыууæйæ бацæуынц зиллаччы. Алчи дæр сæ йæ иу къахыл слæууы, иннæуыл та йæ къухæй хæцы æмæ кæрæдзийы схо- йынц. Раздæр йæ дыууæ къахыл чи æрлæууа, уый фæхæрд. Иннæтæ дæр афтæ. Рамбулы, йæ иу къахыл фылдæр чи фæлæууы, уый. КАРК ÆМÆ УАСÆГ Иу æрлæууы, дыууæ сывæллоны йыл ныххæцынц йæ фæйнæ къухыл æмæ иу згъоры, иннæ та йæ сургæ кæны. Уыцы рæстæг кæй къухтыл хæцынц, уый сын æххуыс кæны, цæмæй се згъорд къуылымпы ма кæна. Кæд æмæ «уасæг» «карчы» баййафа, уæд хъазджытæ ивынц сæ бынæттæ æмæ та «уасæг» «карчы» сурын райдайы. Ацы хъазт хорз у чысыл сабитæ ирхæфсынæн, кæд дзы стырдæртæ хъазынц уæддæр. 111
ФАДÆ ФÆСТÆ Фадæ фæстæ Фæд æлхойнæ! Йеци гъастбæл сувæллæнттæ сæ къилдунтæ кæрæдземæ рахатунцæ, сæ кæрæдзей цæнгтæй сæ фæсонтæмæ раргъувæ- баргъувæй дзорунцæ: «Фадæ фæстæ, фæд æлхойнæ!» «ЗОНГÆЙÆ» Куадзæны агъоммæ мæй раздæр сывæллæттæ райдайынц «Зонгæйæ» хъазын. Хъазджытæ дыууæ кæнæ фылдæр, гæнæн ис æмæ къæйттæй, баныхас кæнынц кæрæдзийы къухæй куыд ницы исой æппындæр, цалынмæ «зонгæйæ» зæгъой, уæдмæ. Кæд æмæ сæ искæмæй ферох «зонгæйæ» зæгьын, афтæмæй райста исты иннæйы къухæй, уæд æмбылды фæци, фæхæрд. Хъазынц æйчытыл. Куадзæнмæ афтæмæй æмбырд кæнынц æйчытæ. Фæхæрд уæвæг куадзæны фиды йæ хæс. Куадзæны къуыри сывæллæттæ къуырцц кæнынц ахуырст æйчытæ. Кæй айк басæтты, уый йæ дæтты, чи йын æй басаста, уымæн. Уымæ гæсгæ алчидæр архайы фидардæр, хъæбæрдæр айк равзарыныл.
УИДÆГТÆ 1993 азы «Мах дуджы» иуæндæсæм æмæ дыууадæсæм иугонд номырырауагътам Найфонты Фатимæйы уац Туаллаг Никъалайы тыххæй. Журналы ацы номыры ма бакæсдзыстут уæлæмхасæн æрмæг Туаллаг Никъалайы тыххæй. Ист у «Известия Кавказского историко-археологического института», зæгъгæ, уыцы чиныгæп (Т. 2, 1917—1925, Тбилиси). Дыккаг уац та мыхуыргонд уыди 1994 азы Ереваны, чиныг- уадзæн «Наири»-йы, «Армянские жития и мученичества У—ХУП вв.», зæгъгæ, цы чиныг рацыд, уым. Фæстæдæр æйуыцы чиныгæй рамыхуыр кодта Сомихы Апостолон Аргъуаны Уæрæсейы Хуссары епархийы газет «Наша церковь» (1998, апрель— июнь). СВЯТОЙ НИКОЛАЙ ДВАЛИ (+1314) 12(25) февраля Святой мученик Николай был сыном православных родите- лей. Богобоязненные родители сразу по рождению посвятили его Господу. 12-летний отрок Николай пошел в Кларджетскую пустыню, там он принял монашеский постриг и стал подви- заться. Затем он прибыл в Иерусалим на поклонение святым местам и там обосновался в грузинском монастыре Креста. У возженного апостольским рвением монаха возникло желание мученической кончины за Христа. Неверные за публичную проповедь святого Николая заклю- чили в темницу и предали многим страданиям, но христиане вызволили из темницы исповедника. По повелению духовника святой Николай уехал на Кипр в 8Махдуг№ I, 1999 113
грузинский монастырь. Святой монах молил Бога о мученичес- кой кончине, и вот однажды, при молитве перед иконой свято- го Иоанна Крестителя, он услышал голос: «Николай, встань и иди в Иерусалим, там есть старец грузин, и он наставит тебя на путь жизни и укрепит на пути мученическом, ибо ему пове- лено для тебя како должно». Святой Николай вернулся в Иерусалим, нашел старца и сообщил о происшедшем. Духовник после длительной молитвы от Пресвятой Бого- родицы и Иоанна Крестителя принял видение: святого Нико- лая надо было отправить в Дамаск. По прибытию в Дамаск святой вошел в молитвенное место мусульман и перед неверными исповедал Христа и обличил их невежество. Разгневанные мусульмане арестовали святого ис- поведника, жестоко избили и заключили в темницу. Митропо- лит и христиане с большим трудом сумели его вызволить из заточения. Освобожденный подвижник вновь вошел в их, му- сульман, молитвенное место, вновь обличил их неправильную веру, за что его вновь жестоко избили, нанесли ему 500 ударов кнутом и бросили в темницу. Святой мученик, после чудесного явления Иоанна Крестителя, исцелился от волдырей и ран, про- был два месяца в темнице и был освобожден. Эмир города неожиданно встретил приготовленного к от- правке в Иерусалим святого Николая, арестовал его и отослал к Эмиру-эмиров Денгизу. Денгиз решил лестыо склонить святого и предложил ему принять ислам. Святой Николай бесстрашно исповедал Хрис- та. Эмир-эмиров приказал казнить его. Блаженный мученик по- вернулся на восток, с радостыо подставил шею под меч и ска- зал: «Слава Тебе, Христе Боже, который сподобил меня уме- реть за Тебя!» Меч отсек голову святому Николаю. Отсечен- ная голова семижды восславила Бога гласом: «Слава Тебе, Христе Боже!» Видевшие это чудо персы сожгли святое тело. На месте его мученичества три дня стоял столп света. Когда духовник услышал о мученической кончине своего духовного сына, восславил Господа и возмолился открыть ему, причислен ли Николай к сонму мучеников. В один день, при чтении книги, он в чудном видении увидел светом и благоуха- нием полную гору и дивным светом осененный сонм святых мучеников, среди которых особо светился Великомученик Ге- оргий Победоносец. Святой Георгий призвал Николая: «Ни- 114
колай! Выйди и зри монаха этого, твоего духовника, ибо много слез пролил за тебя». Николай приветствовал старца: «Вот увидел меня и место мое, и болыпе не скорби обо мне»,— успокоил он его. Святой Николай Двали был замучен 19 октября 1314 года во Вторник. МУЧЕНИЧЕСТВО СВЯТЫХ СЖИАСЯНЦЕВ Епископу Езнику Петросяну, главе епархии Юга России АЛЦ г. Краснодар Ваше Преосвященство, Православные осетины и русские, проживающие в Рес- публике Северная Осетия-Алания, хотят, чтобы святые двалы — аланы-осетины, почитаемые Армянской Апос- тольской Церковью и другими Апостольскими Церквами, стали почитаться у себя на родине, в Осетии. Просим Вас как епископа и богослова, написавшего много трудов, в частности «Отношение АрмянскойЦерк- ви к святым образам», помочь нам найти полное житие святых мучеников Сукиасянцев, а также труды армянс- ких историков по этому важному вопросу Мы были бы очень признательны Вам, если бы получили изображение святых мучеников Сукиасянцев... Большое спасибо за выпуск церковного календаря 1998 г. епархии Юга России Армянской Апостольской Церкви. С уважением к вашему сану епископа Армянской Апос- тольской Церкви, главы епархии Юга России ААЦ осети- ны и русские Северной и Южной Осетии. Мы публикуем мученичество святых Сукиасянцев. Аланские князья, родственники царицы Сатеник, прибыв- шие с ней из Аланского царства в Армению, восприняли хрис- тианское учение от святых Воскянов, учеников апостола Фад- дея, пришедших во дворец царя Арташеса, чтобы проповедо- вать Слово жизни. Царь, будучи занят войной с Персией, при- 115
гласил святых явиться к нему во дворец для беседы после его возвращения с войны. В отсутствие Арташеса его нечестивые сыновья изгнали из дворца святых мужей, а вместе с ними ушли и приближенные царицы, уверовавшие в Иисуса Христа. Они приняли крещение от св. Воскянов у истоков Евфрата, у подножия горы Цахкват. Каждому крестившемуся тотчас являлся Христос на холме на- против источника, ставшего им купелыо. И каждый новокре- щенный торопил скорее окрестить своего товарища, дабы все они могли узреть Спасителя. На том месте, где Он явился им, они установили крест и назвали его «Аватеац Хач», что озна- чает «Крест Благовещения», так как здесь они благовествова- ли друг другу о видении Господа Иисуса Христа. Спустя некоторое время до них добрались царские сыновья Вно и Врдо и, придя, стали просить их возвратиться во дворец, к прежнему образу жизни, отречься от Иисуса Христа и вновь обратиться в язычество. Но аланские князья отвечали им ре- шительным отказом. Тогда царевичи попробовали заставить св. Воскянов уговорить своих учеников вернуться ко двору, но святые мужи, напротив, стали еще более укреплять алан в вере. Тогда разъяренные царевичи перебили святых Воскянов, а ро- дственников царицы оставили в живых из страха! пёред нею, и сами вернулись во дворец. Ученики св. Воскянов взяли тела мучеников и с честыо похоронили их в склепе горы, а затем удалились на гору Джрабашх, которая стоит напротив села Багван (или Багаван, или Багреванд), напротив горы Нпат, что- бы находиться подальше от дворца, чтобы оттуда не приходи- ли опять люди и не принуждали их возвратиться к прежней веселой и праздной жизни. Старшим среди них был Бахадур (Баракатр), нареченный при крещении именем Сукиас. Остальных святых звали Лунки- анос, Поликтес, Кодратиос, Иукирон, Мемианос, Фокас, Не- рангиос, Дометрианос, Андрианос, Зосимос, Бикториос, Тали- лос, Иорданес, Анастасиос, Иакобос, Теодоротос. Итак, под предводительством Сукиаса ученики св. Воскя- нов ушли на гору Джрабашх и жили там, питаясь травами по- добно диким козлам. От холодного воздуха и резкого ветра тех мест их кожа стала как камень, покрытый мхом, а отрос- шие волосы скрывали их до самых ног. Так прожили они 44 года, и беды обходили их, пока не воцарился у алан Датианос. Однажды ночыо блаженному Поликтесу явилось видение. Наутро от поведал о нем братьям: «Этой ночыо было мне ви- 116
дение: с нашего царского двора вышел лев, и, добравшись до цас, долто сражался с нами». Услышав это, святые стали мо- диться Богу, говоря: «Всеведущий Боже, не устрашай нас лю- тым зверем, который идет напасть на рабов Твоих. Господи, не оставь нас без помощи Своей и надежды, ибо Ты всесилен, не дай святыню Свою на растерзание псам. Всеведущий Боже! Ты зыаешь сердца сынов человеческих. Господи, Ты знаешь, что мы отдали себя на служение Тебе, дабы удостоиться обещан- ной тобой истинной вечности». Через несколько дней св. Сукиасу тоже предстало видение, и он также рассказал о нем братьям: «Было мне сегодня виде- ние, будто Шапух скончался и на престол вступил Датианос. Он послал к нам ворона, измазанного кровыо, и хотел рассе- ять нас, как голубиных птенцов, и похитить, как волк, напав- ший на овчарню. Но вы будете стойки, да не вострепещут серд- ца ваши от человечьего страха, ибо Всемогущий Бог поможет нам, как и всем, уповающим на Него». Ободряя каждого из братьев в отдельности, св. Сукиас го- ворил: «Мужайтесь и крепитесь, дабы Господь сподобил нас всех чести последних работников, которые стали первыми, и Небесный Царь вознаградит нас за труды наши! И затем он вновь напомнил им о первых святых: «Смотрите, братья мои и соратники,.как на поле брани мы были в первых рядах, так и в этом сражеции, в коем мы служим Царю Небесному, будем служить по совести, чтобы’Он и нас вознаградил подобно пос- ледним работникам, которые стали первыми». В это время царь Датианос устроил смотр войскам и не пашел на положенном месте вторых сановников царя. Тогда один из нахараров, Скуэр, рассказал Датианосу о святых: «Из войск твоих царских в Армении поселились мужи смелые и добродетельные, не пожелавшие поклоняться богам царей. Гонимые из-за веры в Христа, они живут на горе Джрабашх в Армении, претерпевая большие лишения и нужду во имя Хрис- та, Которого они считают надеждой своей». Услышав все это, царь приказал одному из своих нахара- ров, по имени’ Барлаха, что означает «Рай Божий», идти с войском в Армению и привести бывших князей назад с почес- тями, а если они не согласятся, то всех предать мечу! Отправившись в Армению, царский посланник достиг горы, иа который подвизались святые, вступил в переговоры с ними: — Кто вы, по образу своему похожие на людей, а питаю- *Циеся растениями, подобно козам? 117
— По природе своей мы люди,— отвечал св. Сукиас, и с Алан- ского двора, бежали от нечестия и безбожия царей, по провиде- нию свыше так сохраняем свое существование в надежде на веч- ную жизнь, обещанную нам Господом и Богом нашим. — Места эти суровы, и в горах много снега. Как же вы живете здесь такой жизныо? — Выслушай меня, сынок, что я тебе скажу: кто верит в Бога, Творца неба и земли, тот может так жить: все меняется по воле Его, как Он пожелает для рабов Своих и прославляю- щих Имя Его. Тогда Барлаха спрашивают: — Какого ты рода? Св. Сукиас на это отвечает: . — Был я вторым сановником государства, сидевшим на вто- ром месте после царя. — А как твое имя? — Звали меня прежде Баракатрой, но с тех пор, как я при- шел к разумению Бога, стал называться Сукиасом, то есть «об- ретшим мирную жизнь». — Ты похож на воина,— говорит тогда военачальник. — Я был соратником царя Шапуха. — Согласись вернуться, и ты вновь удостоишься прежнего положения и возляжешь на втором месте после царя,— про- должал военачальник. Однако блаженный отвечал: — Я слуга Господа моего, наступило время получить мнб вознаграждение. — Это твой Господин, Которому ты принадлежишь? — Да, это мой Господь. Тогда Барлаха спросил святого: — Ты отрекся от свободы, дабы обрести рабство? И отвечал блаженный:, — Если бы ты знал Господа моего, и ты принял бы рабство, дабы обрести нетленную жизнь. Но военачальник, не поняв слов святого, стал осыпать его угрозами. Тогда Сукиас созвал свою братию и сказал им: «Иди- те, ибо настал час представления и вознаграждения». И с ве-} ликой радостыо стали они прославлять Бога за приближение часа их кончины и получения Христова венца. Увидев святых вместе, Барлаха возобновил свои утоворы* обещая им щедрое вознаграждение за возвращение в Аланс- кую страну. Но на это святые отвечали: 118
— Вознаградитель наш — Бог, дарующий в награду бес- смертие; Он освободил нас от сатаны и козней его. Вознагра- дитель наш — Бог, создавший небо и землю и тварей. Он наш Господь и царь, имеющий власть над жизныо и смертыо всего живого, от Которого небеса сотрясаются и земля дрожит: дает приказ морю и осушает его; повелевает рекам, и они поворачи- вают вспять и не пребывают более, дабы не покрыть землю. Запретит тебе и единомышленнику твоему сатане, и не буд^т власти твоей над рабами Божьими. Разъяренный словами святых, князь начал измышлять спо- соб покончить с ними. Они же, увидев, что приближается час их смерти, преклонили колена и молились Богу, говоря: «Гос- поди Боже, Творец неба и земли, сотворивший все создания из ничего, Ты — Бог Истинный, Отец Господа нашего Иисуса Христа, Который явился и вочеловечился, спас мир тем, что был погребен и воскрес. И Святой дух Твой наполняет все твари. Ты создал первого человека и вложил в него разумную душу, дабы наслаждаться ему сладостыо рая, и повелел ему, указав, какие плоды он может вкушать и к каким по заповеди Твоей нельзя приближаться. Ты поставил его господином над всеми. Но лукавый, позавидовав почету человека, обольстил его и вывел из рая и из жизни. Дарованное Тобой по милости Твоей людям они потеряли. Но Ты, человеколюбивый и мило- сердный Боже, не пренебрег созданием Своим, а послал Еди- нородного Сына Своего, Который пришел и подчинил людей Твоей воле, просветил разум, и возлюбили они день пришест- вия Сына Твоего. Господи милосердный! Воззри на рабов Сво- их, полюбивших Тебя со всей силой и уверовавших в истинные обещания Твои, данные Тобой Твоим возлюбленным; дай нам, уповающим на Тебя, силы, укрепи в войне во Имя Твое святое. Тогда дьявол с тираном будут посрамлены, и Имя Твое будет славиться рабами Твоими. Боже милосердный! Господи незло- бивый! Воззри на уповающих и вверившихся Тебе, дабы враг не растерзал разумное стадо овчарни Твоей. Успокой, Госпо- ди, разбушевавшиеся волны, готовые обрушиться на нас, что- бы мы могли пристать к гавани мира. Дай силы надеющимся на Тебя рабам Твоим победить врага с помощыо всепобеждаю- щей силы Твоей и не уподобиться дому на песке, разрушенно- му ветрами и дождями испытаний. Утверди нас стойкими на скале веры Христа, Бога нашего. Воззри, Господи, по милосер- дию Своему на рабов Твоих, уповающих на Тебя, и яви знаме- ние победы Своей вверившимся Тебе, чтобы выйти нам чисты- 119
ми из войны с тираном, теснящим нас. Не примешивай к нам горечи плевел с их суетными словами и не оскверняй зерна, схороненного Тобою в Божественных закромах Твоих. Не взра- щивай в саду нашем, он же Имя Твое, вредную траву осквер- няющую благословенные грозди, которыми Ты заполняешь вечные чаны. Не дай дрогнуть стопам нашим, а укрепи десни- цей Своей, и содержи в бесстрашии пред зримыми и незримы- ми врагами, и дай славу Имени Твоему, Господи». Укрепившись после молитвы духом от помощи и попечи- > тельства свыше, блаженные, вновь4 преклонив колена, стали благодарить и славить Господа за Его неизреченные милости:/ «Славим Тебя, Господи, приведшего нас от неразумения к ис- тинному разумению Бога, ибо мы пребывали во тьме, Ты же’; просветил нас светом Своего учения, связанных освободив от ’ ков лукавого. Мы пребывали во мраке и в стране тени смерт- \ ной, но луч света Твоего возвестил о Тебе и осветил нам путь, дабы идти нам по пути правды и справедливости Твоей, Госпо- ди. Услышь, Господи, нас и воззри на молитву рабов Твоих! Не уступай сатане, а укрепи нас силой Святого Духа, приведшего нас на это место к этому часу, дабы совершить нам путь наш по милости и человеколюбию Господа нашего, чтобы лросла- вилось Имя Твое, Господи Боже наш. Услышь, Господи, мо- литвы наши, как услышал молитвы Илии, бежавшего в горы от нечестивой Иезавели, подобно ему и мы бежали от мирских желаний на этой горе. Ныне неустанно славим лишь Тебя за неизреченные блага Твои, и коих Ты нам повещаешь. Услышь, Господи, молитвы рабов Твоих, уповающих на Тебя, как услы- шал молитвы Даниила и Сусанны. Ты спас Даниила из львино- го рва, а Сусанну — из рук жестоких старцев, и предал мучи- тельной смерти поднявшихся на Тебя. Господи Боже наш, и ныне спаси и укрепи нас, дабы победить нам врага во Имя любви к Тебе, Господу нашему. Услышь, Господи, молитвы наши, как услышал глас молитвы Исайи и Езекии, уповавших на Тебя, и со слезами моливших о помощи в борьбе с врагами; Ты погу- бил возгордившихся и поднявшихся против Тебя. Ныне укрепи нас, дабы победить нам врага, и поддержи десницею Своею, чтобы никто из нас не отступил и не лишился обещанных благ Твоих, Господи Боже наш. Услышь, Господи, молитву нашу, как услышал молитву трех отроков в печи огненной, которые отвергли слово царя и сберегли Твое слово и Тебя, Бога отцов наших, благословили. Дай, Господи, и нам, уповающим на Тебя, силы выйти невредимыми из огня испытаний, которым сжига- 120
121
122
ют нас, чтобы быть достойными прославлять Всесвятую Трои- цу Твою ныне и присно и во веки веков. Аминь». Затем бла- женные вновь стали молиться, говоря: «Мы Тебе принадле- жим, Господи, на Тебя уповаем и Тебе бьем поклоны. Дай нам, Господи, совершить наш тяжкий путь по желанию Твоему. Сподобь нас умереть за Имя Твое великое и получить возна- граждение с угодниками Твоими, принявшими добровольную смерть за Тебя, Бога: через них прославилось Имя Твое. Они удостоились царствия и венца во славе Твоей, наслаждаются неизреченной и непреходящей жизнью, дарованной им Тобой, не виданной и не слыханной никем, которую Ты уготавлива- ешь для избранников Своих. Спешим и мы, Господи, покинуть тело и причислиться к воинству мучеников Твоих, просветив- ших нас Божественным светом Твоим и ведущим нас в верхний Иерусалим, куда Ты собираешь всех святых и любимцев Сво- их, ибо Тебе подобает слава, и Тебе мы воздаем хвалу й славу ныне и во веки веков». Совершив молитву, блаженные предстали перед военачаль- ником и сказали: «Теперь исполняй приказ твоего царя и со- ветчика вашего сатаны». Тогда Барлаха понял, что они не подчинятся его воле, и приказал вбить в землю по четыре кола, распять на них святых и жечь их огнем. Они же не обращали внимания ни на огонь, жегший тело, ни на колья и путы, ломавшие кости, и все гром- че славили Бога и пели псалмы. Князь, растерявшись, велел им вбить в рот кляпы, чтобы они перестали молиться и благослов- лять Бога. А св. Кодратиос, невзирая на пытки, продолжал вдохновлять братьев молитвой, и тогда разъярившийся мучи- тель приказал своим воинам предать святых мечу. Перед казныо блаженные мученики стали молиться Богу, гово- ря: «Господи Боже, силой Своей Ты удостоил нас пройти путь наш в чистоте во славу Всесвятой Троицы. Услышь, Господи, молитвы наши и укрепи нас Святым Духом Своим в час смерти, содержи нас в бесстрашии перед дьявольским обманом и гневом тирана. Сподобь нас всех умереть в истинном исповедании, при- нять венец и наслаждаться вечной жизныо. Услышь, Господи, молитву нашу и смилуйся над страной Арменией, чтобы обрати- лась она к поклоиению и прославлению Троицы, ибо Тебе при- надлежат все создания и Тебе подобает поклоненье и слава их, Господи Боже наш. Услышь, Господи, молитву рабов Твоих, упо- вающих на Тебя,— пусть земля, на которую прольется кровь мученичества нашего, станет целебной для всех хворых, и пусть 123
из этой земли бьют источники для исцеления больных, и, еслц кто придет во имя наше с верой, а также томимый ли бесом эти* нечестивцев или страждающих многими недугами, и станет мо-Л лить Тебя, Господи Боже наш, на месте нашего заклания, услыщь их, и смилуйся над ними, и спаси от всех бед, исцели от всех1 напастей души и тела, ибо Ты всемогущ и Тебе подобает слава во веки веков. Аминь». И тотчас раздался голос с небес: «О чем однажды попро- сили вы, даю вас — да, будет место мученичества вашего ис- точником целебных вод и земля эта целебной от многих неду- гов. Вам же, возлюбленные Мои, за многие труды, достигну- тые через великие лишения, дарую покой и радость, ныне и присно». Укрепившись небесной силой и сотворив крестное знаме- ние, святые мученики Сукиасянцы склонили головы под мечи воинов. Те обезглавили святых и бросили их тела не погребен- ными среди камней, а сами ушли. Но были еще двое из алан, самые молодые, которые, не устояв по юности перед страхом смерти, бежали и скрылись в лощине горы. Возвратясь через несколько дней обратно, они никого не нашли. Обнаружив место, где их собратья приняли смерть, они засыпали землей их святые останки, установив для опознания по каменному столбу на месте захоронения каждо- го, и, не желая болыые оставаться здесь, ушли. Они двинулись по склону горы в сторону запада. Найдя теплые места там, где начиналась долина и откуда текло нема- ло источников к югу, они остановились отдохнуть, очарован- ные красотой местности. Там, на холмеони и вырыли в земле скит, и жили до дня своей смерти. А затем пастухи нашли их тела и похоронили в том же подземелье как людей, умерших от болезней. А могила святых Сукиасянцев оставалась неизвестной еще 230 лет, вплоть до того времени, когда великий Григорий Про- светитель, движимый Святым Духом, узнал об их подвиге и пришел на гору Джрабашх, и построил часовню над могилой святых, и оставил в качестве иерея одного из своих учеников, по имени Абас. И в, том месте забил источник исцеляющий от всех болезней и существующий доныне. Каждый год в празд- ник святых источается вода из источника, как в купальне Си- лоам, исцеляющая от всех болезней, особенно от укусов змей, проказы и лишая. Потом вода убывает и источник пересыхает до этого же часа следующего года. 124
А на месте могилы двух избежавших мученической смерти отшельников через некоторое время великий царь Вагарш (117— 144) построил город, который назвал Вагаршакертом, и посе- лил в нем своего сына из-за умеренного климата этой местнос- ти. И этой земле по молитвам святых Сукиасянцев была даро- вана Господом исцеляющая от недугов сила. А гора Джрабашх в честь незабвенной памяти святых полу- чила название по имени их предводителя — Сукавет.
АГЪНАТЫ Æхсар НÆ ФЫДÆЛТЫ САХАРТÆ АБАЙТЫ ВАСОЙЫ хъуыдымæ гæсгæ, «крупных городов древние осетины не строили. По крайней мере язык не сохра- нил для «города» никакого старого наименования» (ОЯФ. 1, 65 ф.). Ныртæккæ не ’взаджы ис дыууæ дзырды: горæт æмæ сахар. «Горæт» уырыссаг æвзагæй райсгæ у, «сахар» та — персай- наг. Адæмы цæрæнбынат ирæттæ дзурынц хъæу, дыгур та гъæу. Академик Всеволод Миллер куыд рабæрæг кодта, афтæмæй «гъæу» («хъæу») рагон индиаг æвзаджы хъуысти г а в й а, йæ мидис уыди «сæрвæт». Нæ рагон фыдæлтæ фосдарæг адæм уыдысты æмæ хъæздыг хизæнуæтты хуыдтой гъæу. Иу ран-иу куы æрæнцадысты, уæд-иу цæрæнбынæтты цардысты æрмæстдæр, кæрæдзийæн тугхæстæг чи уыд, ахæмты къорд, уырыссагау æй хонынц «род». Тæтæр æмæ манголты æрбабырсты рæстæджы кавказаг алантæм уыди стыр сахар, уырыссаг азфысты йæ хуыдтой «Те- тяков» кæнæ «Дедяков». 1278 азы 8-æм февралы йæ ныппырх кодтой Менге-Темуры æфсæдтæ. Уыцы сахары ном кæрон «ков» амоны ирон дзырд «хъæу» («гъæу»). Филологтæ ацы этимо- логийыл дызæрдыг нæ кæнынц. Диссаг уый у, æмæ хъæу, гъæу, кæнæ уырыссаг — ков æндæр никæцы топонимты фæзынд. Нæ дзырдуæтты ис иу дзырд, амоны «фидар», уырыссагау «крепость» стæй хъазахъхъаг станицæйы дæр уыцы дзырдæй схуыдтой, хъаллæ, зæгъгæ. Сæ ахастмæ гæсгæ уырыссаг «го- род» æмæ ирон «хъаллæ»-йæн иухуызон мидис ис «æхгæд», ома< «крепость». Советон ахуыргонд Л. И. Лавров фыста, зæгъгæ, адыгаг æвзæгтыл дзурæг адæм астæуккаг æнусты горæт Азовы (Ростовы облæсты) хуыдтой Ас-кала, ома «Крепость Асов». 126
Фурд Доны былтыл XVI æнусы уыд барон Сигизмунд Гер- берштейн æмæ йæ уацы «Записки о Московских делах» фыс- та, зæгъгæ, Азов уыд аланты сахар, грекъæгтæ йæ хуыдтой сæхи æвзагыл — Танаис. Дарддæр уыцы барон куыд фыссы, афтæмæй Танаисæй уæлæмæ цыппар боны бæрц кæм хъæуы цæуын, уым, Раздорс- кая станицæйы цур, уыди æндæр алайнаг фидар —Ахас. Уырыс- саг ахуыргонд К. Савельев 1911 азы хуыздæр сбæлвырд кодта, аланты сахар Ахас кæм уыд, уый. Куыд фыста, афтæмæй алан- ты фидар Ахас уыди, цæугæдон Сал Донмæ кæм хауы, уымæй чысыл фалдæр станицæ Золотовскоейы цур. Тæтæр-мангол, дам, æй ныппырх кодтой. Барон Сигизмунд Герберштейны æмæ К. Соловьевы хъуы- дыимæ не сразы Ростовы облæсты музейы æрмæгмæ цæстдарæг М. Б. Краснянский. Куыд фыста, афтæмæй йæхæдæг уыд архе- олог, къахта рагон сахары уæзæгтæ. Фыссы, зæгъгæ, аланты горæт Ахасуыд, ныртæккæ Ростов кæм лæууы, уыцы ран, арæзт æрцыд ног эрæйы 2-æм æнусы. Ныппырх æй кодтой тæтæр- мангол. Аланты дыккаг сахар-фидар та уыди Ас-кала. Ацы сахар тæтæр сæхи æвзагæй схуыдтой «Аксай», ома фонетикон æнгæсмæ гæсгæ æмæ абон дæр ма аланты сахар Ас-кала тæтæйраг номимæ лæууы йæ рагон бынаты Ростовæй 18 кило- метры уæлдæр. Куыд бамбарæн ис аланты сахари ном «Ахас»-æн? Æвæццæгæн, раст фыст не ’рцыд йæ ном. Алантæ, скифтæ, сæрмæттæ æнæмидис нæмттæ сахартыл нæ, фæлæ хицæн адæй- мæгтыл дæр не ’вæрдтой. Куыд æй дзырдтой Алантæ, уый ныртæккæ зын зæгъæн у, ахæм дзырд та æндæр никуы æмбæлы. Алантæ / астæ (уырыссагау — ястæ) Хуссар Уæрæсейы кæй , цардысты, уый бæлвырд у историйы. Сæ кой ма баззад но- джыдæр дыууæ стыр сахары номы. Ныртæккæ цæугæдон Идыл Хъаспы денджызмæ кæм хауы, уым ис Астрахань. Бирæ ах- уыргæндтæ æвзæрстой ацы сахары номы равзæрд. Уырыссаг номдзыд филолог Н. А. Баскаков куыд æвзары, афтæмæй са- хары ном равзæрди лæджы ном Астраханæй. Ас амыдта адæ- мы ном — аланты иу хай афтæ хуындысты, тархан та уыди титул. Уыцы Астрахан уыдис хазарты каган æмæ йе’фсæдтимæ 764 азы абырста Фæскавказмæ. Ас-тархан — Астрахан-мæ кæй рахызти, уый æнцон рабæрæггæнæн у, ирон æвзаджы цы ивддзинæдтæ цыд исто- рийы, уымæ гæсгæ: дзырды мидæг мыртæ сæ бынæттæ кæй ба- ивтой, уый хонынц метатезæ, у фонетикон закъон ирон æвза- 127
джы историйы. Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ, Астархан- Астрахань уыди асты хæстон разамонæджы бынат «команд- ный пункт, ставка» (ИЭСОЯ, 1, 60 ф.). Астимæ баст у æндæр стыр сахары ном дæр. Уый та ис Дард Хурныгуылæнырдыгæй — хонынц æй Яссы (ассты уырыс хуыдтой яс кæнæ ясстæ). Яссы, зæгъгæ, Румынийы цы сахар ис, уый облæсты центр у, облæсть дæр афтæ хуыйны. Æртын- томон «Стыр Советон Энциклопеди» йæ куыд амоны, афтæмæй 16-æм æнусæй 19-æм æнусæй 19-æм æнусмæ горæтЯссыуыдис Молдавийы æлдæртты столицæ. Советон ахуыргонд А В. Суперанскаяйы хъуыды раст у, ома «Географические названия, особенно древние, являются своего рода историческими памятниками...» Дзырд цы рагон топоним- тыл цæуы, уыдон иууылдæр сты нæ адæмы истори-æвдисæг. Кæд æмæ кæм цардысты ясстæ (хуыдтой сæ языгтæ дæр) Ромы импе- рийы арæнтыл, Донайы дæлвæзтыл. Кæд сæ ныхас ныртæккæ уым нал хъуысы, уæддæр сæ ном нæ фесæфтис. Украинæйы Фæскарпаты облæсты гуцулты горæт Раховайæ 19 километры дарддæр ис стыр хъæу, хонынц æй Ясиня. Уый у гуцулты бæгъатыр Олексе Борканокы райгуырæн хъæу. Диссаг уый у, æмæ хъæу Ясиняйы ном, рагон уырыссаг адæм афтæ хуыдтой яссты (асты) сылгоймаджы. Ацы хъæуы ном уырыс- саг æвзагæй кæй баззад, уый æвдисы ныртæккæйы Фæскарпа- ты облæсты 10—11-æм æнусты Киевы Уырысмæ кæй хауд, уый. Афтæ хъуыдыгæнæн ис, æмæ уæды замантæй баззад хъæуы ном, æвæццæгæн, дзы цавæрдæр сгуыхт сылгоймаг цард ясстæй. Астæуккаг æнусты уырыс яссты сылгоймæгты ясыня, зæгъгæ, кæй хуыдтой, уымæй рагон хроникæты ис бирæ æвдисæнтæ. Зæгъæм, уырыссаг академик П. Г. Бутков фыста: «Князь Ярополк Владимирович совершил поход на Дон на половцев в 1116 году и взял в плен яссов в городах Балине, Чевшюеве и Сугрове, получил ясыню Елену, девицу чрезвы- чайной красоты и на ней женился в Киеве. Ее называли до- черью ясского или степного князя Сварна, она умерла в глу- бокой старости в 1201 году. Сестра Мария (ясыня) с 1182 г. была замужем за Мстисла- вом, сыном Святослава, великого князя Киевского». Профессор Ю. В. Готье куыд сбæлвырд кодта, афтæмæй «с самого начала русской исторической жизни до Батыева погро- ма Яссы жили рядом с русскими и среди них и должны были вносить в русскую жизнь что-то свое. Но что? Этого мы не знаем. Культурное явление яссов предстоит еще разгадать. Яссы- 128
аланы были живой хронологической связыо между Скифо-Сар- матским миром и Киевской Русыо». Ныр та æркæсæм иу рагон уырыссаг топониммæ. Астæук- каг Уæрæсейы (Мæскуымæ хæстæг) Калугæйы облæсты Козель- скы горæты цур ис топоним Оптина Пустынь. Географ æмæ топонимист Э. М. Мурзаев дзырд «пустынь» æвзары славяй- наг æвзæгтæй, амоны «монастырь, скит», ома «одинокая оби- тель, жилье отшельника», пустынный — «одинокий». Ахæм топонимтæ ма ис æндæр рæтты дæр. Автор фыццаг дзырд Оп- тина не ’взары, уымæн æмæ славяйнаг æмæ тюркаг æвзæгтæй иртасын нæ комы. Бафæлварæм-ма йæ ирайнаг æвзæгтæй рар- гом кæнын. Ацы дзырдæн ис ахæм хæйттыл радихгæнæн:.оп-т- ин-а. Рагон ирайнаг æвзæгты дзырд оп хъуысти ап æмæ амыд- та «дон» (нуазыны дон). Т скифаг-сæрмæттаг æвзаджы уыди (ныр дæр ма ис ирон æвзаджы) — бирæон нымæц бæрæггæнæн суффикс, ин у уырыссаг суффикс, кæройнаг — а та уырыссаг æвзаджы сылгоймаджы æрд бæрæггæнæн хайыг. Нæ хъуыдымæ гæсгæ, опт баззад скифаг æвзагæй бынæттон номы, амыдта донгуырæнтæ. Уырыс æм бафтыдтой сæхи суффикс, суырыс- саг æй кодтой. Ныртæккæ ирайнаг æвзæгтыл ап хъуысы об, аб, ав, аф, зæгъæм, Ир-æф. Донгуырæнтæ оп+п кæй схуыдтой, уым диссагæй ницы ис. Рагон заманты, стæй ныр дæр, адæм цæрæнбынæттæ арæзтой дæтты былтыл кæнæ суадæтты алыварс. Оптинайы цур 14-æм æнусы уырыс моладзандон уымæн сарæзтой, æмæ дзы уыди хорз нуазыны дæттæ-суадæттæ, æмæ уыцы бынаты уымæн ныф- фидар йæ рагон скифаг ном оп-т-ин-а. Пустынь цы амоны, уый зонут. Доны номмæ гæсгæ æрмæст Оптина нæ баззад Астæуккаг Уæрæсейы. Пензæйы облæсты ис горæт Сердобск, йæ цурты цæуы дон Сердоба. Зындгонд советон топонимист В. А. Нико- нов топоним Сердобск кæнæ гидроним Сердоба-йы равзæрдæн иу кæрон не скодта: «Пока трудно решить, какова основа гид- ронима: мордов. Сярдо — «олень, лось» или из иранских сар- доба (кæс: В. А Никонов. Краткий топонимический словарь М., 1966). Географ Э. М. Мурзаев бацамыдта доны ном Сердоба, стæй горæты ном Сердобск, ирайнаг æвзæгтæй кæй рацыд, уый. Ирайнаг æвзæгты абон дæр ма ис дзырдтæ сардоба, сердоб. Уыдон амонынц «холодная вода». Астæуккаг Азийы донуадзæн къанаутæ арæзтой зæххы бынты, уымæ гæсгæ-иу сæрд тæвд бонты дæр уыцы дон уыдис уазал. Таджиктæ, 9 Махдуг№ I, 1999 129
афгантæ æмæ персæгтæ «уазал» хонынц — сард, дон та — об, аб. Сардаб амыдта «уазал дон». Таджикистаны ис дон- гуырæнтæ — хонынц сæ Сардоб (Э. М. Мурзаев, амынд чи- ныджы, 158 ф.). Кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы доны ном Сердоба, стæй сахары ном Сердобск ирон адæмы фыдæлтæй — сæрмæттæй кæй баззадысты, уый гуырысхойаг нæу. Доны ном Сердоба дих кæны серд æмæ об-ыл. «Сард» баззад ирон æвзаджы, фæлæ йæ мидис бынтон æндæрырдæм аивта — ныртæккæ амоны «лето, тепло». Ирайнаг æвзæгты «сард» амоны æрмæст уазал нæ, фæлæ «афæдз» дæр, уырысмæ «лето» афæдз куыд амоны, афтæ. * Сахары ном Сердобск номæй рацыд. Цæмæй гидронимæй топоним рауадаид, уый тыххæй йæм бафтыдæуыд суффикс - ск. Уырыссаг æвзаджы суффикс ныр дæр ма аразы топонимтæ. Зæгъæм, Кировск, Ульяновск æмæ æнд. Советон ахуыргонд А. В. Суперанская йæ уацы «Имя и эпо- ха»-йы фыссы: «В IX—XII вв. топонимы с суффиксом — ск образовались от основ, обозначавших природные особеннос- ти: Смоленск, Брянск». А. В. Суперанскаяйы цæвиттонтæм ма бафтауæн ис чысыл рагон уырыссаг сахары ном Боровск Калугæйы облæсты. Уырыссаг æвзаджы топонимтæ аразæг суффикс — ск-йы тыххæй ныхас уæлдай бæлвырддæр уымæн цæуы, æмæ ирон топонимты дæр ис уыцы — ск. Цагъаты Анастасия йæ монографи «Топонимия Северной Осетии»-йы бæлвырд дзуры уырыссаг суффикс — ск æмæ ирон суффикс ск/скъ-йы тыххæй. Ирон рагон топонимтæ, дам, арæх вæййынц арæзт — ск/скъ-йы руаджы, сæ фылдæр сты Дыгур- гомы. Зæгъæм: Дзираск, Задалеск, Махческ æмæ бирæ æндæртæ. Ирон æвзаджы ныртæккæ уыцы топонимон формант ног дзырдтæ нæ аразы. Автор нæ раргом кодта, цы ис иумæйагæй уырыссаг суф- фикс æмæ ирон суффикс ск/скъ-йы ’хсæн? Уырыс Дыгурго- мы никуы цардысты æмæ уыдонæй нæ баззад, стæй суффикс иу æвзагæй иннæ æвзагмæ ист нæ фæцæуы. Ома ирон адæм уырысæй ацы суффикс нæ райстой. Ирон адæмы фыдæлтæ Уæрæсейы дæргъвæтин рæстæг кæй цардысты, уый æвдисынц, дзщрд цы гидронимтæ æмæ топонимтыл цæуы, уыдон. Гипотезæйы хуызы зæгъдзыстæм: уырыссаг — ск æмæ ирон — ск(скъ) дыууæ æвзаджы дæр топонимтæ кæй арæзтой (уырыс- саг æвзаджы ныр дæр аразы), уымæй зæгъæн ис, æмæ иу æвзагæй 130
рацæугæ сты. Фæлæ цавæр? Бакусын хъæуы ацы проблемæйыл, бирæ рагон сусæгдзинæдтæ раргом кæнид^йæ базынд. Ахуыргæндтæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй нæ рагон фыдæлты æвзагæй фылдæр топонимтæ баззади Хуссар Уæ- рæсейы æмæ Хъырымы æрдæгсакъадахыл. Сау денджызы цæгатварс цæугæдæттæ Днепр æмæ Буг ден- джызимæ кæм иу кæнынц, уыдон æхсæн ис сакъадах, хонынц æй Березань. Советон Цæдисы Зонæдты Академийы уæнг-кор- респондент А. А. Зализняк ном Березан-ы равзæрд бæтты ра- гон ирайнаг березант-имæ. Ахæм дзырд уыдис авестайы, амо- ны «высокий». Профессор Абайты Васо разы у А. А. Зализнякимæ, фæлæ ноджыдæр фæбæлвырддæр кодта дзырды равзæрд. Куыд зæгъы, афтæмæй дзырд березант уыдис рагон ирайнаг æвзæгты. Йæ кæроны цы ант ис, уый та амыдта грамматикон æууæл — ми- ногми ивгьуыд афоны. Баззадис не’взаджы, дзурæм æйбæрзонд. Бирæ ирайнаг æвзæгты ис ацы дзырд, зæгъæм бæрзонд хох Цæгат Ираны Талышты зæххыл абон дæр ма хонынц Барзанд (ИЭСОЯ, 1, 254 ф.). III æнусы мах нымады размæ фурд Доны былтæй хурны- гуылæнырдæм агуылф кодтой сæрмæтты знæмтæ. Уыцы заман- ты Донæй Донайы дæлвæзтæм æмгуырæй цардысты сæ хæстæджытæ скифтæ. Сæрмæттæ скифтыл фæуæлахиз сты, байстой сын сæ цæрæнбынæттæ, сæрвæттæ æмæ хизæнтæ. Скифтæй ма цы аззад, уыдон мах эрæйы размæ II æнусы Хъырымы æрдæгсакъадахыл æрбынат кодтой. Цасдæр ма цæргæ баззад цæугæдон Днепры дæллаг кæрон дæр. Уыцы скифтæн сæргълæууæг уыд арæхстджын хæстон разамонæг Скилур. Ныртæккæ Симферополь кæм ис, уымæ хæстæг сарæзта сахар фидар, грекъæгтæ йæ хуыдтой Неаполь Скифаг, ома скифты ног сахар. Скифтæ сæхæдæг сæ сахар куыд хуыдтой, уый æвдыст никуы æрцыд æмæ бамынæг историйы. Ног нымадæй IV æнусы гуннтæ бабырстой Хъырыммæ, скиф- ты ныццагътой, сæ сахартæ та сын бындзарæй фехæлдтой. Историктæ æмæ археологтæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй скифты паддзахад Хъырымы хъуыстгонд уыд йæ рæстæджы, иннæ паддзахæдтæй æгуыдзæгдæр нæ уыд. Скифты паддзах Скилур йæхæдæг йæхи номæй йæ нывимæ джиппæй уагъта сызгъæрин æхца. Арæзта алыхуызон галуантæ, фидæрттæ. Сарæзта стыр мавзолей скифты паддзæхтæ æмæ сæ бинонтæн. Уыцы хъуыддæгтæ ууыл дзурынц, æмæ скифты пад- дзах уыд тыхджын æмæ хъæздыг. Фыццаг æнусы цæрæг грекъ- 131
аг географ Страбон куыд фыста, афтæмæй Скилур Хъырымы ноджыдæр сарæзта сахар Палакион æмæ Хаб. (Кæс: А П. Смир- нов, Скифы. М., Наука, 1966, 74 ф.). Скилурæн уыди фырт, хуынди Палак, зындгонд адæймаг уыди йæ рæстæджы. Йæ фыд Скилур сахарыл сæвæрдта йæ фырты ном, фæлæ Хаб цы амо- ны, уый зын зæгъæн у, æвæццæгæн, раст фыст не’рцыди грекъ- агау. Сахары ном Палакион историйы баззади Балаклава-йæ. Профессор А. В. Суперанская ацы урбаним æвзары афтæ: Ба- лак равзæрд Палакæй, лава та ирайнаг (æвæццæгæн, алайнаг) æвзаджы амыдта денджызы кæнæ цæугæдоны былгæрон. Æмæ æцæгдæр Балаклава денджызы былыл ис. Ныр дæр ма ис ирай- наг æвзæгты ацы дзырд, таджиктæ, афгантæ æмæ персайнæгтæ йæ дзурынц лаб, амоны доныбыл «берег, край, губа». Дзырд лаб аланты æвзаджы кæй уыд, ууыл дзуры Цæгат Кавказы цæугæдон Лабæ-йы ном. Горæт Саки-мæ хæстæг ис цад, ныртæккæ йæ хонынц До- нузлав. Ацы номы фыццаг хай тæтæйраг æвзагæй баззад: до- нуз, амоны «свинья», лав кæнæ лев та аланты дзырд уыдис, амыдта донбыл. Скифты æмæ сæрмæтты фæстæ Хъырымы æрдæгсакъадахы дæргъвæтин рæстæг цардысты алантæ. Уыдон уым цы гидро- нимтæ æмæ топонимтæ æрæййæфтой, уыдон хорз æмбæрстой. Æрмæстдæр дзырдты цыд фонетикон ивддзинæдтæ. Скифты горæты ном Палакион дзурын байдыдтой Балаклаба. Астæук- каг æнусты тæтæр-мангол Хъырымы куы баца^хстой, уæд бын- æттон нæмттæ дзурын байдыдтой сæхи æвзаджы æууæлтæм гæсгæ, æмæ Балаклабæйæ тæтæйраг æвзагыл рауад Балыклава, ома кæсæгтæ. Афтæ зыгъуыммæты кодтой алайнаг нæмттæ иннæ адæмтæ дæр. Цымæ скифаг кæнæ алайнаг дзырд лаб (лав) ирон æвзаджы нæ баззад? Мæнмæ афтæ кæсы, цыма уыцы рагон дзырд ирон æвзаджы йæ хуыз тынг аивта, фæлæ йæ мидис нæ. Зæгъæм: был. Ирон æвзаджы историон фонетикæйы æууæлтæм гæсгæ, æмхъæлæсон мыртæ сæ бынæттæ кæй ивтой, уый бæрæг у, зо- надон кусджытæ йæ хонынц метатезæ. Ацы дзырды дæр, æвæццæгæн, ахæм метатезæ рауад: л æмæ б сæ бынæттæ баив- той, лæмæгъ а та лæмæгъ ы-мæ рахызт. Дзырд был ирон æвза- джы дæр амоны, скифты дзырдлабкуыд амыдта, афтæ: «край», «берег», «губа». Ирон æвзаджы историйы а (æ) ы-мæ кæй ивта, уый тыххæй кæс ИЭСОЯ 1, 500—501 ф. Ирон адæмы фыдæлтæ сæ цотыл æнæмидис ном не’вæрдтой, 132
ныртæккæ иуæй-иу ирæттæ куыд æвæрынц, афтæ. Зæгъæм, цы амоны нырыккон ном Мя? Горæт Балаклава-йы цы скифаг ном Палак ис, уый дæр хъуамæ исты нысан кодтаид. Фæлæ цы? Кæд раст фыст æрцыд кæйдæр æвзагыл, уæд æй равзарæн ис афтæ: йæ кæрон цы ак ис, уый уыдис скифаг адæмы уарзон суффикс, арæзтой дзы адæймаджы нæмттæ. Зæгъæм: Бастак, Ныртæккæ хъуысы «бæстаг», Сарак — Сæр-аг, дзурæм æй сæрджын (ОЯФ 1, 224—226 ф.). Пал-ак дæр афтæ, фæлæ палта цы амоны? Амæн дæр равзарæн ис алыхуызæтты, фæлæ дзы зæрдæмæдзæугæдæр уыдзæн историон фонетикæйы ивын- дзинæдтæ раст куы равзарæм, уæд. Дзырд пал ирон æвзаджы хъуамæ суыдаид фал, — ак та — аг-мæ рахызт. Дзырдты кæрон л куы лæууыд, уæд дывæр кодта, æмæ-иу дзы рауад фал — л — аг, мæнæ уæллаг, дæллаг куыд рауад, афтæ (ИЭСОЯ 1, 419 ф.). Фæлæ лæгыл ном Фаллаг цæмæн сæвæрдтой, уый зын зæгъæн у. Æвæццæгæн, лæджы ном грекъæгтæ раст нæ бамбæрстой æмæ йæ сæхи æвзагыл ныффыстой, æрмæстдæр ын йæ кæроны скифаг суффикс ныууагътой, уый сын æнцон фыссæн уыд. Горæты ном Балаклава уырыс райстой тæтæрæй. Цыбыртæй афтæ равзарæн ис нæ рагон сахары номæн. А. В. Суперанская фыссы: «В юго-западной части Крыма находится город Саки — ранее Сак, название которого со- звучно одному из скифских этнонимов». Ацы авторы ныхасыл баууæндæн ис, уымæн æмæ скифтæй иу знæм æцæгдæр хуынди Сак. «Саки, кочевые ираноязычные племена, родственные ски- фам. В I тысячелетии до н. э. завоевали степи Средней Азии» (кæс: ЭС в 2-х томах, т. 2. М., 1964, 339 ф.). Сахары ном фыст æрцыд уырыссаг æвзаджы бирæон нымæц æвдисæг аффикс и- имæ. Сактæ æмæ скифтæ иу адæм кæй уыдысты, уый бæрæг у историйы. Сæ ном сахары номыл дзæгъæлы нæ баззад. Профессор Абайты Васо фыссы, зæгъгæ, «Предметы скиф- ского «звериного стиля» изобилуют изображением оленя. Оригинальное название скифов Сака неотделима от осетин- ского саг «олень». Курорт Судак чи нæ зоны, ахæмтæ бирæ нæ разындзæн. Грекъæгтæ йæ рагзаманты хуыдтой Сугдайа, VII æнусы æнæном фысты йæ хонынц Сугдабон, Сугдейа, зæгъгæ, йæ хуыдтой хъумантæ XI æнусы. Уырыссаг азфыстыты зындгонд у XII æнусæй, хуыдтой йæ Сурож. Академик Всеволод Миллер ном Судак æвзары ирон дзырд сыгъдæг-æй. Рагон ирайнаг æвзаджы хъуамæ хъуыстаид сугъ- 133
да, амыдта «святой, чистый», ирон дзырд сыгъдæг дæр амоны «святой», стæй «чистый» (кæс йæ чиныг: Язык Осетин, 20 ф.). Судак рагон ирайнаг дзырдæй равзæргæ у, йæ бындуры ис сухта кæнæ сукта, грамматикон æууæлæй уыди ивгъуыд афо- ны миногон. Ацы бындурæй рацыд адæмы ном согъд, рагон персайнаг æвзагыл та хъуысти Сугуда, стæй уый фæстæ Сог- диана, (ОЯФ I, 38, 183, 211; 3-аг, 1889—189 ф.). Йæ рагон фоне- тикон хуыз аивта, уый бæрæг у, Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ, уыцы бынат алантæн уыди сæ кувæндон æмæ йæ уымæ гæсгæ схуыдтой «сыгъдæг». Курорт Феодосия дæр зындгонд у. Ацы сахары ном рагза- манты афтæ нæ уыд. Уый тыххæй фыста грекъаг ахуыргонд (йæ ном нæ ныффыста) 5-æм æнусы (ныры нымæцæй). Мæнæ уыцы текст профессор Абайты Васойы тæлмацæй: «Ныне же Феодосия на аланском или таврском наречии называется Ар- давда, что значит «Семибожий» (ОЯФ I, 231 ф.). Ныртæккæ Ардавда цы у, уый ирон адæмæй ничи зæгъдзæни. Зын рав- зарæн уыди стыр ахуыргæндтæ К. Миюлленгоф, Вс. Миллер, В. Томашек æмæ М. Фасмерæн дæр. Ацы ахуыргæндтæ горæты ном Ардавда æвзæрстой афтæ: арæзт у дыууæ ирон дзырдæй, авд æмæ ард-æй (ис дзырд Æрд-æг), сахары ном, дам, раст фыст не ’рцыди, æмæ уымæ гæсгæ дыууæ дзырды сæ бынæттæ баивтой, рауади дзы «авд (7) æмæ арда, ома æрд-æг (кæс: Все- волод Миллер. Язык Осетин. 20 ф.). Профессор Абайты Васо лæмбынæгдæр æркасти Феодо- сияйы рагон номмæ æмæ йæ раиртæста бынтон æндæрхуызон. Куыд сбæлвырд кодта, афтæмæй рагон грекъаг фыссæг сахары ном раст ныффыста.
«МЛХДУДЖЫ» РАВДЫСТ Ивгъуыд дугыл, дам, хур нæ кæсы. Фæлæ уæддæр аивадмæ ахæм диссаджы тых ис, æмæ нæ суанг кæддæры хуры хъармæй дæр ма батавы. Къам исын та аивад кæй у, ууыл дзурын дæр нæ хъæуы. Абон уæ цы къамтимæ зонгæ кæнæм, уыдоны мидис иумæйагæй схонæн ис афтæ: «Нæ фыдæлты сабидуг» — /Къамтæн нын нæ къух сарæзта Цæгат Ирыстоны Иугонд музейы Бæстæзонæн хапад./ Зæронд къамтæм кæсгæйæ лæджы зæрдæ куы æхсызгонæй ныккæрзы, куы та сау æрхæндæджы ахас- ты бахауы: фæсмон нæ æрæййафы, зæгъгæ, ныр нæ ирон царды цалх афтæ цæхгæр тæссар-мæссарты куы- нæ зылдаид æмæ нылуый фыдæй ахæм тугуарæн бонтæ куынæ скодтаид, уæд афонмæ... Уæд афонмæ, чи зоны, æмæ нæ дзæбæх нрон адæ- мы фарн нæ фæцудыдтаид, нæ фæцудыдтаид æмæ къæхты бынмæ не ’рхаудтаид... Чи кæсы, уый йæ уыны. Чи уыны, уый пæ æмба- ры, ирон цардарæзтæн рæмудзæн æрмæг йæ быны кæд æмæ чи бавæрдта, уый. Фæлæ та кæд мæнæ ныр дæр цардмæ алчидæр йæхи зондахасты рындзæй кæсы æмæ æппæтдæр йæхирдыгонау хаты, уæддæр нæ адæмæй дзæвгар фылдæрæн тынг хъыг у, нæ домбай фыдæлты цар- двæндаг туглæсæнты бын кæй фæцис, уый. Ацы сабитæй бирæтæн сæхи дæр æмæ сын сæ ныййарджыты дæр зонæм. Фæлæ сыл абон номæн- номмæ бæлвырд нæ дзурдзыстæм: уадз æмæ нын иууылдæр æмхуызон хпон æмæ ахсджпæгтæ уæнт. 135
Кæсут сæм, æмæ сæм кæсынæй ма ’фсæдут. Кæсут сæм, æмæ уæ алы хъуыдытыл æмæ сагъæстыл æфта- уæнт — уды цардхос фæллойыл. Уыдон дæр нæм рæстæджы сæрты се ’нæхин цæстытæй æдзынæг кæсынц æмæ нæ æдзæмæй фæрсынц: — Куыду, нæ сæрыстыр фыдæлты адджын къона Ирыстон ма æрдхæрæны намысы Ирыстон у? — Куыд у, нæ туг, не стæг ирон адæм ма ирон сты сæ ирон дзырд, æгъдау, æфсарм æмæ фарнæй?.. Æмæ кæд нæхи сæ цуры къæмдзæстыгæй æнкъарæм, уæд уый нæ фæдзæбæхы бæрджытæй у. ГУСАЛТЫ Барис
137
138
139
140
141
142
143
144
ЮМахдугК» I, 1999 145
146
ЧИНГУЫТЫ ТÆРХÆГ ДЕГЬУАТЫ Соня ТАБУЙАГ КУРДИАТ* Цас æхцондзинад æмæ цин æрхаста Зинæйы ног чиныджы фæзынд йæ поэзиуарзджытае, йæ бирæ зонгæтæ æмæ чиныг- кæсджытæн, уый мах, йе ’мкусджытæ, нæхиуыл банкъардтам. Раст ныл цыма фæсуард хур ракасти, йæхæдæг нæм раздæрау мидбылхудгæ дуарæй æрбакаст, уыйау æмхуызонæй дæр нæ бынæттæй фæгæппытæ кодтам, йæ чиныг нæм куы ’рбахастæ- уыд, уæд. Чиныджы æддаг цъарыл ын йæ сурæтмæ исдуг ^æдзæмæй кæсгæ баззадыстæм, стæй нæ алчидæр арф ныуулæ- фыд. Цы зонын нын æй хъуыд, раздæрау нын ацы хатт йæ ног уацмыстæй кæй нал барухс кæндзæн нæ зæрдæтæ, фæлæ уæддæр йæ чиныг «Табуйаг»-æй цæстæнгас йæхи атонын нæ куымдта. Цы загъдæуа, уастæн, хъысмæтæн, махæн нæ Иры разагъды сылгоймæгтæй иу — нæ мæлгъæвзаг булæмаргъы не ’хсæнæй чи аскъæфта æнæнхъæлæджы, йæ зæгъинæгтæ зæгъын ын кæронмæ чи нæ бауагъта, йæ бæллицты хал ып æрдæгыл чи фескъуыдта. Цы йæ фæзынд уыд а-дунемæ сæууон стъалыйау Зинæйæн, цы не ’хсæнæй йæ фæхъуыд. Стъалыйау атахти не ’хсæнæй, йæ фæстæ иæ алкæй зæрдæйы дæр рæсугъд фæд ныу- уадзгæйæ. Йæ гуырæн бон ыл рацыд хинæй. Ног азы къæсæрыл фæзынд дунейы рухсмæ 1937 азы, æмæ йыл йæ бонырухс дæр батар Ног азы къæсæрыл 1995 азы. Куыд фæзæгъынц, æххæст удæй фæзынд а дуиемæ Зинæ — Хуыцауæй арфæгондæй. Сылгоймаджы ном нæлгоймаджы кады æмвæзмæ чи схизын кодта æмæ йе ’мкъахдзæф кæнын чи фæрæзта, нæ Иры уыцы разагъды сылгоймæгтæй уыд иу. Зыи ссарæн у ахæм адæймаг хуссарæй, цæгатæй, Зинæйы уынд æмæ кондæй кæд нæ, уæддæр æй койæ чи нæ зыдта. Сылгоймагæн * * Хостыхъоты Зипæ. Табуйаг. Æмдзæвгæтæ. Дзæуджыхъæу, «Ир», 1998 147
сылгоймаг уыд, бахъуаджы сахат, тохы та — хæстон. Топпы гæрах фæцыдаид — фæдисæттæн сæ разæй, зæгъыны сæр бахъуыдаид — фæсивæдæн сæ сæрхъуызой Зинæ. Ницæмæй фæкодта æнæхай Зинæйы йæ хорзæхтæй не Сфæлдисæг: цы кондæй, цы уындæй, цы хъаруйæ, цы курди- атæй. Йæ рæсугъд ахорæнты къæбицы, æвæццæгæн, фæстейы ницыуал ныууагъта, цæмæй Зинæйы фæлгонц скодтаид. Гъе æрмæст, хъысмæт йæ хъарм хъæбысы кæй анорды рагуалдзæ- джы, уыдоны номхыгъдмæ нæ хауы. Æвадат, цыбыркъух ный- йарджытæн фæзынд дунейы рухсмæ, бирæ бинонты ’хсæн хас- та йæ рæз, æмæ йæ, чызгау, йæхи кой кæнынмæ никуы равдæлд, йæ ныййарджытæн æй йæхи абуц кæныны бон дæр ма никуы фæци. Никуыдæр æй йæ уæлæ зынаргъ дарæс скæныны, ни- куыдæр ын йæ дзыхмæ адджын комдзаг сисыны фадат фæци. 0, раджы фæзиан Зинæйæн йæ фыд Ахмæт, сабитæ ма иууылдæр æнахъом уыдысты, афтæмæй, æмæ æгасæй дæр сæ уæз æрæнцад Зинæйы тæлæссонд уæхсчытыл — уый уыди зæнæджы хистæр. Сæ ныййарæджы бон дæр сын цастæ уыд уæдæ? Фараст сывæллоны (авд хойы æмæ дыууæ ’фсымæры) сæ къахыл слæууын кæнын, царды фæндагыл æрæвæрын хъуы- ди. Уыдоны хъысмæт æгасæй дæр сси йæ сагъæсы сæр, йæ цар- ды нысантæй иу. Куы йæ зыдтон, уæдæй фæстæмæ сæ йæ дæлба- зыр дардта цъиуджын каркау. Æмæ йæ зонгæ та рагæй кæнын, кæд нын фæстаг азты иумæ кусгæ ’рцыд, уæддæр — аивады фæндагыл фыццаг къахдзæфтæ кæнын куы райдыдта, скъола- дзау уæвгæйæ, уæдæй фæстæмæ, мæнæн дæр мæ ахстон Фыс- джыты цæдисы ^дæлбазыр кæй уыд, уымæ гæсг^æ. Æмæ, æвæццæгæн, уæд равзæрдысты йæ сонт зæрдæйы мæнæ ацы сагъæссаг хъуыдытæ дæр: Баба, о, афтæ-иу куы загътай,— Хæдзар æнæ лæгæй æгад у, — Уæд ды цы ныфсы бар ныууагътай Идæдзæй ’нафоны нæ мады. Æз ма йын авæрын ныфсытæ, Фæлæ хуыздæр зоны йæхæдæг, Йæ фырттæ сты нырма чысылтæ Æмæ йын чи уыдзæн хуымгæнæг («Ды нал дæ») Гъе, фæлæ нæ фæтасыд уæддæр Зинæйæн йæ уæраг, нæ асаст йæ ныфс царды кæлæнгæнæг фæлдурæджджын 148
фæлтæрæнтæ æмæ æнауæрдон фыдæвзарæн уылæнтæй, цæлхдур æвæрын сæ никæй бон баци йе ’рдзон курдиат æмæ æвзонг бæллицтæн. Æрмæст хъысмæтыл фæуæлахиз уæвын никæй бон у: куыддæр йæ курдиаты суадон йæ ауæзт айгæрста æмæ аива- ды бæрзæндтæм йæ къабæзтæ дæрдтыл айтыгъта, мады зæнæгæй алчи царды йæ бынат ссардта æмæ, гъеныр цæрдзынæн, зæгъгæ, загъта, афтæ йыл хинæй рацыди хъысмæт — йæ царды цалх галиумæ ныззылди. Нал уыд кæрон нæ Иры дзыллæйы хъыг æмæ мастæн, денджызау абухта се’рхæндæг. Æмæ уый æнцонтæй нæ баф- тыд Зинæйы къухы: адæмы зæрдæтæм дæгъæл ссарын, се ’ууæнчы бацæуын æнцон нæ вæййы. Уымæн уый фыцца- джыдæр йæ къухы бафтыд йæ курдиаты фæрцы, дыккагæй та — йæ удуæлдай фæлмæн зæрдæйы узæлдæй йе ’мзæххон- тыл. Йæ удыхъæды бæллиццагдæр миниуджытæй иу уыд искæмæн хорзы бацæуын, зындзинады йæ фарсмæ балæу- уын. Уыцы миниуæг ын тынгдæр рабæрæг, нæ адæмыл зын бонтæ куы скодта, уæд, Чи-иу нæ бакаст йæ кусæпуаты къæсæрæй, кæй йæм нæ федтаид адæймаг æххуыс æнхъæлца- уæй, æмæ кæуыл нæ дардта йæ арм бынæттонæй, æрцæуæггагæй? Нал дæр куыстæй уыд, нал дæр æй хæдзар хъуыди, йæ сагъæсы сæр уыцы тыхст рæстæг иудадзыгдæр сси йæ адæмы хъысмæт, нæ фæсивæдыл мæт æмæ катай. «Нæ лæппуты нын иугай-дыгай куы марынц, уæд куыд æнцад бадæм?» — иудадзыг дæр йе ’взаджы алгъыл лæууыдысты уыцы ныхæстæ æмæ сидти йе ’мбæстæгтæм: Ир сау арты судзы, туг хъары йæ риуæй, Йæ зæрдæ ныддæвдæг, йæ зæрдæ нырхуым. («Бестауты Гиуæргимæ ») Нæргæ хъæбултæ, ’рцæут-иу уæ бæстæм, Нæ гыццыл зæхх уæ къæхты бын куыд таса, Цæмæй-иу Ир йæ бахъуаджы, йæ тыхсты, Бындзагъд фырттæм тæхудыгæнæг ма суа. («Ирыстоны фырттæм») Чысыл ыстæм, фæлæ æнæ тых не стæм, Æнæныфсæй нæ бахизæд Хуыцау, Нырма Сослантæ сты нæ фæйнæгфæрстæ, Нæма курæм Батрадзтæ дæр æфстау 149
Ир не ’лхæны æндæр рæтты Иссæтæ, Хæстон бæх нæм йæ бахъуаджы — цæттæ... Гъе-ей, фыдгул, фæсайдзæн дæ дæ зæрдæ — Фыды фарн Иры н ’ацæуы мæрдтæм. («Чысыл ыстæм, фæлæ...») Фæлæ уæддæр нæ бары Зинæ йæхицæн, кæй йæм нæ разын- ди хæхбæсты фарнæй хайджын сылгоймаджы цыт æмæ намыс: æрмæст йæ сæры хæцъилы систæй дæр тугмондагæн йæ тæвд туг уазал кæмæй кодта, йæ хæцæнгарз йæ къухæй кæмæй хауд, кæй не схауд йæ дзыхæй ахæм фарны дзырд æмæ нæ зæххыл туг кæй ныккалд. Къæмдзæстыг дæн. Фыдыуæзæджы хъæрмæ Хъуыдис мæн фестын фарны дзуар æмæ Мæлæтæй уе ’хсæн бацыдаин хъуамæ, Фæлæ нæ разынд уыцы тых мæнмæ. (« Уæлмæрдты ») Зынаргъ куыннæ вæййы алкæмæи дæр йæ райгуырæн къуым, йæ фыды уæзæг, фыццаг къахдзæфтæ кæм акæны, йæ рæзгæ бонтæ кæм арвиты. Зынаргъ уыдысты Зинæйæн дæр йæ хъæубæстæ, кæм бахъомыл, дунейы рухсмæ кæм фæзынд, уыцы æккойæ хаст сыджытæй амад хæдзары къуым æмæ иыййарджытæ, уарзта сæ æнæкæрон уарзтæй. Æмæ кæд ныййарæджы тухæнтæ, фыдæбæттæ бафидыны фаг хъарм никæцы хъæбулмæ разыны, никæд ма йын сæ ничи бафыста, уæддæр зæрдæйæ иудадзыгдæр Зинæ уыд, авдæны зарæг кæнгæйæ йын йæ риуы ’хсыримæ йæ туджы ирон дзырды фарны нæмгуытæ чи байтыдта, уыцы ныййарæг мадимæ, цыфæнды дард дзы куы уыдаид, уæддæр: Баст дæн райгуырæн уæзæгмæ Æз Дзыццайы урс дзыккутæй, Баст — нæ къонайы фæздæгæй, Баст — сæныкхизæн цъæх къултæй. («Æз мæ зæрдæйы рæхыстæй...») Хорз æмбæрста Зинæ сылгоймаджы фарн æмæ ахадынад æхсæнады дæр æмæ бинонты царды дæр, æмæ йæ стыр мастæн 150
йæ зæрдæмæ иста, фæстаг рæстæг ын фаг аргъгонд кæй нал цæуы, чидæртæ йæм хъазæнхъулы цæстæй кæсын кæй райдыд- той, æмбæлгæ аргъ ын кæй нал кæнынц, йæ зæрдæйы арф æнкъарæнтыл ын кæл-кæлæй кæй ныххудынц æмæ йын йæ рухс бæллицтыл цъыф къахæй кæй бацæуынц, дур ын сыл кæй ныф- фæлдахынц се’наккагудты монцты азарæй, æмæ сæ фыдæнхъæл кæй фæвæййы, уыдæттæ. Æмæ поэт йæ уайдзæфы хай кæны ахæмтæн: Æз — сылгоймаг — цардаразæг фарн дæн, Кувут, лæгтæ, иууылдæр мæнæ’н Æз уæ къ’ухы бахъуаджы бон кард дæн, Æз уæ фидæн, уе ’нхъæлцау бындур. («Æз — сылгоймаг...») Хорз арæхсти Зинæ сылгоймаджы миддуне, йæ цинтæ, йæ хъыгтæ æмæ йæ моыдæгтимæ адæймаджы цæстытыл бак- æнынмæ. Зынаргъ ын уыди цард, цин ын кодта йæ цинтыл, хъыг — йæ зынтыл, кæд ын афонæй раздæр банкъардта йæ фыдад, йæ уæз, уæддæр. Бирæ сылыстæгау йæ иуфæрсты ыæ ацыд уымæн дæр бинонты цардыхæлдты уылæн, бавзæрста йын йæ фыдад, сахуыста йын йæ мастæй. Нæ фæрæстмæ йæ райгуырæн къонайæ йе ’ркувæн хæдзармæ йæ къахайст æмæ иудадзыг дæр, цъæх уалдзæгау, йе’взонджы бонтæ мысгæйæ, утæхсæн кодта химидæг йæ цардбæллон уарзæгой зæрдæ, бæллыд рухс амондыл сæмбæлынмæ, æцæг цардæмбал сса- рынмæ. Уый æнæ фæзынгæ нæ уыд йе сфæлдыстадыл. Сир- вæзти-иу йæ зæрдæйы арфæй йæ уды утæхсæн, йæ зæрдæйы катай, цардамонд дзы дæрдты кæй лыгъд, уый азарæй: О, кæм ыстут, уыцы дыууæ цонджы, У’агурæг кæдæм цæуон, цы бæстæм? Ехх æмæ уæ хъарм хъæбысы ронджы Чи бахауы иунæг хатт æрмæстдæр. («Уыцы лыууæ цонджы») Æмæ æппынфæстаг Зипæ фембæлд, йæхицæн цардамондæн йæ сæнтты кæй мысыд, æхсæвæй, бонæй йæ цæстытыл чи уад, ахæм æцæг æмгарыл. Фæлæ йын æгъатырæй йæ хъысмæтыл йæ дзæмбы æрæвæрдта, сылгоймаджы æнæбои æбардзинад. Йæ рухс бæллиц æмæ йæм йæ уды монцтæй бæрзонддæр æвæрд 151
разындысты хæхбæсты^фыдæлтыккон дурынвидар æгъдау — намыс æмæ сæры кад. Йæ зæрдæйы арфы та, норст цæхæрау, йемæ æмбæхстæй ахаста йæ сыгъдæг уарзондзинады æнкъарæнтæ, нæфæтджиаг хойрагмæ дардæй кæсгæйæ мондæгтæ уайæгау, йæ амонды стъалы, йæ зæххон Уастыр- джийыл афоныл кæй нæ фембæлд, искæй царды хæлдыл та йæ цард аразын йæхицæн хæсыл кæй нæ нымадта, уый азарæй. Цæмæн ма кодтон, цæ, æз уарзтимæ æмдзæхдон?— Мæ цардæй ку ’ афардæг æвзонгдзинад бынтон. Йæ фæдыл ку ’азгъорон, мæ удæй арт куы цæгъдон, Уæддæр куы нал бауыдзæн й ’аййафын мæ бон ^«Цæмæн-ма’*..») Йæ тæлтæг митæй цал хатты фæрыстæн Мæ зæрдæйæн, о цал хатты куыдтон. Ныббастон æй æз дæр куыдзау рæхыстæй, Ыскодтон ын мæ талынгриу куыдздон (« Уæд бамбардзынæн ») Æмæ сын дыууæйæ дæр нæ уыд лæвæрд, æвæццæгæн хъысмæтæй уарзоидзинады æнкъарæнты нуазæны бынæй рухс суадзын — разылд сыл галиуæй æмбисцарды кары хъысмæт. Фæлæ адзалы ныхмæ тохы лæмæгъдæр разынд йæхицæй Зинæйæн йæ бонвæрнон стъалы, фæраздæр йæхицæй йе ’цæг дунемæ, æмæ йын ад нал кодта йæ цард, саумылазон ын фес- тад дуне, æрмæст ма йæм каст æнхъæлмæ йæ бæллиц: Фыццаг хатт æнæ дæу дæ хæдзары бадын, Æнахуыр цыдæр уазал къултæй хæссы... Фыццаг хатт æрцыдтæн дæ фæсмæлæт ардæм Æмæ дæм мæ бæллиц æнхъæлмæ кæсы. Æниу, уадз, æууæндон. Æнусон,умыййаг дын Куы нæ дæн, æрцæудзæн мæнæн дæр кæрон. Хуыздæр мын у афтæ: цы мæм хауы цардæй, Уый, уадз æмæ де ’рцыды ныфсæй цæрон. («Æмгары рухс ном мысгæйæ») Зинæйæн кæд адæймаджы удыхъæды миниуджытæй истæ- уыл йæ зæрдæ худти, уæд уыдонæй иу — адæймагæн йæ уæ- лæуыл царды фаг аргъгонд кæй нæ фæцæуы, цалыимæ не’хсæн 152
вæййы, уæдмæ йыл дæлджиныг кæныныл кæй нæ фæцауæрдæм. Уый нæ, фæлæ ма йын цы дурыл фæлæууы, уый иннæтæй бæрзонддæр цæмæн у, зæгъгæ, йын æм бахъав-бахъав сисæм йæ рафæлдахынмæ. Йæ удыхъæды бæллиццаг миниуджытæ йын фенæм, хурæргом свæййынц æрмæстдæр, йæ цæст куы ацъынд вæййы, куынæуал æй фæуынæм, уæд. Йæ сæр нæ истæмæн куы бахъæуьг, уæд æй æрымысæм æрмæстдæр хорзæй, уæд банкъ- арæм, цыдæр нын кæй нал фаг кæны. Йæ амонды стъалы æмæ йæхицæн зæххон Уастырджийыл кæй банымадта, уый амæлæты фæстæ бирæ кæрдæг нал ба- хордта Зинæ йæхæдæг дæр. Дугъон бæх хаттæн уайгæ-уайын куыд ныггуыпп ласы, афтæ, цард-барæг, куыстхъом уæвгæйæ, уымæн дæр æнæнхъæлæджы фескъуыд йæ цард, фæхъуыд пе ’хсæнæй. Æмæ йæ цыма раздæр зонгæ кодта, халонау йе уæны каст æмæ, тагъд æй хицæн кæнын кæй хъæудзæн йæ уарзон Ир, йе ’мбæстæгтæ, йæ туг, йе стæгæй, уыйау хатыд æрдзмæ: Æрдз, мыййаг мæ куы айсай ды фæстæмæ, — Фестын кæн сæууон ыстъалы мæн, Кæд кæсин Ирыстоны зæрдæмæ, Калин уым æнæрмынæг тæмæн Фестын мæ кæн рухс хуры фыццаг зынг, Хæхтыл-иу мæ цадæггай æруадз, Фестын мæ кæн рагуалдзæджы уаз сыг, Удхосæн мæ Иры зæхмæ ’ртадз. («Æрдзмæ курдиат») Нал ис абон не ’хсæн Зинæ. Æндæра та афонмæ ацы æнæнцой, хæлхъой рæстæг, чи зоны, цал æмæ цал хатты райхъуыстаид йæ фæдисы хъæр: «Кæм стут, ныййарджытæ, ирæй, уырысæй, цæцæнæй, мæхъхъæлæй?! Иугай, дыгай уын куы марынц уæ фыртты! Уæ фæдисы хъæрæй айнæг фæрчытæ куыннæ хауы, уе’рдиагмæ дунейы дзыллæтæ иуыл æмхуызонæй сæ къæхтыл куыннæ слæууынц, цалынмæ сау пæлæз не ’ркод- той сæ уæлæ Кавказы митсæр бæрзонд хæхтæ?! Кæд æппын æмæ тугмондаг лæгсырдтæм бахъарид ныййарæджы зæрдæйы хъыг æмæ маст! Ныййарæджы риуы ’хсырæй куы фæхъæстæ сты уыдон дæр кæддæр, кæд æй рондзæй нæ фæкалдтой!» Бирæвæрсыг уыд Зинæйæн йе сфæлдыстад, йæ хъару æвзæрста иннæ жанрты дæр — прозæйы, драматургийы, пуб- лицистикæйы. Фæлæ дзы йæ хъуыдытæ зæгъын, йæ удыхъæд, йе ’нкъарæнтæ равдисын, йæ бæллицтæ царды улæфтимæ баиу 153
кæнын æппæтæй тынгдæр йæ къухы æфтыд поэзийы. Уымæн ын чысыл нæ феххуыс йæ хъæууон царды фæлтæрддзинад, йæ хъысмæтæфхæрд сабидуг. Ирдæй зыны йе сфæлдыстады хъæу- уон царды уддзæф йæ цинтæ, йæ хъыгтæ æмæ йæ зынтимæ. Цæстытыл ауайын кæны сисрæбынты рагуалдзæджы ногдзыд пысырайы таутæ, æртæхæвæрд нæудзар уæлвæзтæ æмæ дидин- фæлыст сойджын уыгæрдæнтæ, хъæууон рыгнад фæндæгтæ æмæ цъыфдзаст малты бæгъдулæггæнæг хæдзарон мæргъты къордтæ бабызæй, хъазæй, сынæрцæгъдæг æфсæст фосы дзугтæ. Хъус- ты азæлынц æгъуыссæг уасджыты базырты хост æмæ уасын, сæрдыгон изæрты куыствæллад фæсивæды хъæлдзæг уынæр — фæндыры зæлтæ, къæрццæмдзæгъд æмæ ирон зарæджы мыртæ. Аргъ нæй, Зинæйæн нæ аивады хæзнадонмæ йæ къухы бах- æссын цы бантыст, уымæн. Бузныг зæгъыны аккаг сты, ацы æвадат тыхст рæстæг чи- ныг дунейы рухс кæй хъæппæрисæй федта, уыдон дæр, сæ сæргъы йæ саразаг, чиныгуадзæн «Ир»-ы сæйраг редактор Кокайты Тотрадз.
ФЫСДЖЫТÆ ХУДЫНЦ СУЛÆМУЛÆ ГÆЛÆБУТÆ Саламджери радиойы уацхæссæг уыд æмæ иу бæрнон кусæгæй ракуырдта, цæмæй йын сæ куысты тыххæй радзура. Хицау сразы йемæ, радзырдта цыдæртæ, фæлæ хуыздæр кус- джытæй иуы мыггаг æмæ ном нал хъуыды кодта. Фæстагмæ афтæ: — Йæхи-иу ын афæрс, стæй-иу ын зæгъ, фæссихор мæм-иу æрбауайæд. Сахаты фæстæ та Саламджери бацыдис хицаумæ. — Гъы, цы бадæ? — бафарста йæ уый.— Базыдтай йын йæ мыггаг, йæ ном? — Базыдтон. У Гæбултæй, йæ ном Ботас. — 0, о. Афтæ хуынди, афтæ! Æрбауайдзæн мæм?> — Афтæ зæгъы, æз, дам, ахæм хицауы нæ зонын. Фарста мæ, йæ фындз, дам, сонт гуыбыр у, йе ’рфгуытæ, дам, хъуын- джын сты, стæй йæ галстуккыл дыууæ гæлæбуйы бады? Æз ын загътон, зымæгон, зæгъын, цæй гæлæбутæ ис... Уæд хицау афтæ: — Уый... уый... Мæ иу галстуккыл гæлæбуты нывтæ ис. Фæлæ... Ау, æз ам афæдзæй фылдæр куы дæн, уæд мæ куыннæ зоны? УЫЙ ДÆ ЛÆГ У Саламджери «Рæстдзинад»-ы ныммыхуыр кодта радзырд «Тæригъæдджынтæ». Ныхас дзы цыди, чи амæлы, уыдон, дам, ацы дунемæ фæстæмæ раздæхынц чи адæймаджы хуызы, чи гæдыйы хуызы, чи куыдзы хуызы... Саламджерийыл йæ зонгæ сылгоймаг фембæлд æмæ йын афтæ: 155
— Дæ радзырд дын бакастæн æмæ мæ хъуыдытыл бафтыд- та. Нæ лæг куы амард, уымæй цалдæр мæйы рацыд, афтæ нæм иу гæды æрбафтыд æмæ атæрын нал комы. Кæд, зæгъын, мыййаг, нæ лæг у?.. Саламджери йæ афарста: — Æхсæвыгон сынтæгмæ схизы? — Уайтагъд мæ фарсмæ февзæры! — Уæдæ уый бæлвырд дæ лæг у! ДЫУУÆЙÆ - ИУ Саламджерийæн йæ иу хæстæг карз нозтæй æфсис нæ зыд- та. Иу хатт æй йæ хæдзар æфснайгæ баййæфта. — Æмæ де ’фсин кæм ис? — Йæ цæгатмæ та афардæг! Ды мын кæй нымыгътай, уый мæ курын хъуыди. — Нæ! Уæдæмæ сæ дыууæйы дæр куы ракуырдтаис, уæд ма дæм абон иу ус уæддæр уыдаид,— загъта Саламджери. ФÆЙНÆГФАРС Иу изæр Саламджерийæн йæ размæ фæци Дзимур. Лæг фырнозтджынæй йæ къæхтыл нал лæууыди. Ситохы-фырт зонгæ шофыры фæурæдта: — Дæ хорзæхæй, ацы лæджы сæхимæ ныххæццæ кæнæм. Шофыр Дзимурмæ кæсгæйæ баззад: — Уый куы ныддыдæгътæ, куы ныллæхъир дæ бынтондæр! Афтæмæй дæхи фæйнæгфарс куы фæхоныс. — Мæн дæр сагъæсы уый æфтауы, уый! Ахсæв уынджы куы баззайа, уæд ын йæ фæйнæджытæ исчи расхойдзæн,— загъта Саламджери. УÆХÆДÆГ ТА МА ЦЫ КУСДЗЫСТУТ?.. Куывды колхозонтæн сæ иу загъта: *— О, Хоры Уацилла! Цы хоры нæмгуытæ ныппарæм, уыдон дзæбæх билцъ рауадзæнт! Сонт хурæй, знæт къæвдатæй сæ бахиз! Иннæ загъта: 156
— О, Фосы Фæлвæра! Нæ фос фылдæр куыд кæной, ахæм амонд нын саккаг кæн! Саламджери сын афтæ: — Уæ хорзæхæй, уæ хуымтæ æмæ фос уыдоны быгъдуан куы бакодтат! Уæхæдæг та ма цы кусдзыстут? ГУЫДЗЫГО ИННÆТÆН АУÆЙ СТЫ ! Александр Дюма йын йæ чингуыты дуканимæ кæй фæ- зындзæн, уый дуканигæс рагацау базыдта æмæ фыссæджы ’рбацыдмæ тæрхæджытæ ’рмæст уый чингуытæй байдзаг кодта, æхсызгон ын уа, зæгъгæ. — Æмæ иннæ фысджыты уацмыстæ та кæм сты? — сонтхуызæй йæ афарста Дюма. Дуканигæс, цы зæгъа, уымæ нал арæхст, æмæ уæд фæкодта: — Уыдонæн ауæй сты! АХÆМ ТА ÆППЫНДÆР НÆЙ Мидхæсты хъæбатыр цавæрдæр Саблинмæ уыд фондз ор- дены. Йæхицæй æппæлы: — Мæ хуызæн лæгтæ æнæхъæн бæстæйы æдæппæтæй цып- пар йеддæмæ нæй! Маяковский фæрæвдз: — Мæ хуызæттæ та — иу! Уæд Хлебников дæр сабыргай загъта: — Мæнæ мæн хуызæн та æппыидæр нæй. ГЮГО ÆМÆ СКОТТ Хлебниковæн йæ ном æцæджы хъуыддагæй Виктор уыд. Маяковский йæ алхыскъ кодта: — Алы Викторы дæр, Гюго куы уаид, уый йæ фæнды. Хлебников дын дзуапмæ нæ фæцарæхсдзæн, цы: — Алы Вальтер та, Скот куы уаид, уымæ тырны! 157
НАЛ! Чидæр хынджылæджы хуызы Вольтеры бафарста: — Цæй, куыд у, Хуыцауимæ зулдзых нал стут? — Нал! Фæлæ дзургæ нæма кæнæм, æрмæст кæрæдзийæн нæ сæртæй акувæм. БАЗ - МÆНÆН Иу хъæздыг лæгæн йæ хæстæ бафидыны охыл йæ бынтæ уæй кодтой. Цезарь бардзырд радта: — Йæ баз мæнæн балхæнут! Цезары хæлæртты цæстытæ фæдзагъыр сты. Уый сын афтæ: — Уыцы базæн дзы æмбал нæй: уыйбæрц бирæ хæстæ чи дардта, уый дыл афтæ тарф фынæй кæнæд! ТУ Йæ мулк ракæл-ракæл кæмæн кодтой, ахæм лæг Диогены сæхимæ бахуыдта. Хæдзар цæхæртæ калы, иу дзаума дзы иннæмæй диссагдæр. Диоген дын æнæнхъæлæ^жы фысымы цæсгомыл куы бату кæнид: — Ам алцыдæр ахæм алæмæты рæсугъд у, æмæ дзы лæг æндæр кæдæм ату кæна, уый нæй! ЗЫНÆЙ ДЗЫ НИЦЫ ИС Цавæрдæр буцхаст чызг Генрих Гейнемæ бауырдыг: — Дæ хорзæхæй, зæгъ-ма, францаг æвзаг зын базонæн у? — Æппындæр нæу! Немыцаг дзырдты бæсты францæгтæ дзур æмæ — фæцис! УÆД ДÆ НАЛ ÆВДÆЛДЗÆН Райдайгæ фыссæг Томас Маннмæ йæ цалдæр уацмысы къух- фыстытæ бахаста æмæ йæм æрхатыд, цæмæй, уыдоны фæдыл цы хъуыды кæны, уый йын æргом зæгъа. 158
Уый йын сæ куы бакаст, уæд ын афтæ: — Цас гæнæн ис, уыйас фылдæр кæс чингуытæ. — Æнæмæнгæй афтæ ’мбæлы? — хорзау нал фæцис æвæлтæрд фыссæггонд. — Æнæмæнгæй, æнæмæнгæй: цас фылдæр кæсай, уыйас дын фыссынæн къаддæр рæстæг уыдзæи. ДЫУУÆРДÆМ БÆЛЛÆХДЖЫН Рагон бердзенаг фыссæг Бион иу хъæзныг æмæ хæлæггæпаг лæгимæ хæрхæмбæлд фæцис. Уый уыцы сæргуыбыр æмæ уæн- тæхъилæй цыд. Бион йæ фæдыл бакодта: — Цыдæриддæр у, уæддæр амæн кæнæ йæхиуыл исты бæллæх сæмбæлд, кæнæ та кæуылдæр исты хорз æрцыд. НÆ АХÆЦЦÆ УЫДЗÆН Вольтермæ æрыгон поэт йæ одæ бахаста. Ахæм сæргонд ын: «Нæ фæстагæттæм». Вольтер одæ бакаст æмæ тæрхон рахаста: — Ницы йын у! Фæлæ, æз куыд хъуыды кæнын, афтæмæй цыма, кæй номыл æрвыст у, уыдоимæ нæ ахæццæ уыдзæн.
Учредители: СП РСО-А и коллектив редакции Сдано в набор 17.12.98. Подписано в печать 8.02.99. Формат издания 60х841/16. Бум. тип. № 1. Гарнитура шрифта Муг1. Печать офсетная. Усл. п. л. 9,3. Учетно- изд. л. 7,53. Заказ № 3094. Тираж 1150. Адрес редакции: 362040, г. Владикавказ, пр. Мира, 25. Телефоны: 3-69-66; 3-69-62; 3-31-58; 3-31-24. Журнал набран, сверстан и отпечатан на Республиканском издательско-полигра- фическом предприятии им. В. А. Гассиева, Комитета РСО-Алания по печати и инфррмации, 362011, г. Владикавказ, ул. Тельмана, 16. © Махдуг№ 1, 1999 160