Text
                    Журнал выходит с мая 1934 года
ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ ЖУРНАЛ СОЮЗА ПИСАТЕЛЕЙ
РЕСПУБЛИКИ СЕВЕРНАЯ ОСЕТИЯ-АЛАНИЯ
Главный редактор -
Редколлегия:
Техн. редактор
Корректор
- Ахсар Кодзати
Гастан Агнаев
Руслан Бзаров
Борис Гусалов (отв. секр.)
Анатолий Дзантиев
Елизавета Кочиева
Анатолий Кусраев
Давид Темиряев
Камал Ходов
Сергей Хугаев
Кудзиева Раиса
Заира Карацева
Владикавказ 1999


4_ 99 Журнал цæуын райдыдта 1934 азы майы ЦÆГАТ ИРЫСТОН- -АЛАНЫ РЕСПУБЛИКÆИЫ ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ Сæйраг редактор Редколлеги: Техн. редактор Корректор ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ - Хъодзаты Æхсар Агънаты Гæстæн Бзарты Руслан Гусалты Барис (бæрн. секр.) Дзантиаты Анатолий Косты Лизæ Къусраты Анатолий Темыраты Давид Ходы Камал Хуыгаты Сергей Куыдзиаты Раисæ Хъæрæцаты Зæирæ Дзæуджыхъæу 1999
НОМЫРЫ ИС: БИЦЪОТЫГрис. Лавджы бынат. Уацау 5 ДЗУЦЦА ТЫ Хадзы-Мурат. Уыдтæн æз м^луантæй иу. Æмдзæвгæтæ . 52 СИТОХАГБ/ СЗламджериГ1\удн0ны радзырдтæй *....;.... 62 КОКОЙТЫ Эльзæ. базырпырх. Æмдзæвгæтæ.* 66 ЧЕДЖЕМТЫ Геор. Фарны кадæг 73 МЫСИНÆГТÆ 5ЕС4 ГЬ/Гззе. Мæ хистæр æмбал ■/■/ АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД Таурæгътæ, аргьæуттæ 92 РÆСТÆГ - РÆСТÆВЗАРÆН ÆЛБОРТЫ Хадзы-Умар. Варвæртæ цз ДЗИДЗОЙТЫ Валери. Уæрæсе аэмæ Кавказ: зæххы фарста . . . . 131 "Махдуджы" равдыст 137 ФЫСДЖЫТÆ ХУДЫНЦ ХУЫСЕ. Æртæ нывы 149 УÆЛÆМХАСÆН Худинаг у, ирон, худинаг! 151 Учредители: СП РСО-А и коллектив редакции Сдано в набор 26.03.99. Подписано в печать 24.05.99. Формат издания 60x84 '/16 Бум. тип. № 1. Гарнитура шрифта Муз1. Печать офсетная. Усл. п. л. 9,07. Учет- но-изд. л. 8,25. Заказ № 3123. Тираж 1100. Адрес редакции: 362040, г. Владикавказ, пр. Мира,- 25. Телефоны: 3-69-66; 3-69-62; 3-31-58; 3-31-24. Журнал набран, сверстан и отпечатан на издательско-полиграфическом пред- приятии им. В. А. Гассиева, Комитета РСО-Алания по печати и информа- ций, 362011, г. Владикавказ, ул. Тельмана, 16. © Мах дуг№ 4, 1999 4
БИЦЪОТЫ Грис ЛÆДЖЫ БЫНАТ Уацау 1. æцци кæрдæджытæй хосгæнæг Уæзимæ уынгты аз- гъоринаг уыди, фæлæ хæдзарæй æддæмæ куы ра- уади, уæд йæ фæнд аивта — цæхæрадæтты цæхгæрмæ ауайдзæн, сæ акомкоммæ Газаццеты кауы сæрты ахиздзæн, æмæ уым чысыл дæлдæр — Уæзиты хæдзар. Мæццитæм мидæгæй фæтæгены цырагъ сыгъди, æмæ, сонтæй рауайгæйæ, мæйдар кæрты афтæ бæргæ нæ ныпъпъæра уыда- ид, фæлæ адæмæн карзæй ныффæдзæхстой, цæмæй иу рухсы тæпп макæй рудзынгæй раирвæза æмæ фыдгулты æхсæвдзугæнæг хæдтæхджытæн хъæу мысан ма феста. . Мæццийы цæхæрадонмæ ахизын хъуыди къутуйы галиу фæрсты чысыл дуарыл. Лæппу^уыцырдæм фæкасти, фæлæ дзы йæ цæст ницæуыл æрхæцыд. Йæ зæрдæйы фæндиаг кæй нæ азгъордзæн æмæ Уæзийы рæвдз кæй не ’рбахздцæ кæндзæн, уый бамбæрста. Къуырийы размæ йæ мад Нутæйы рахиз къухы уæларм æнæнхъæлæджы арæсыд, адæнгæл. Бон-иу цъусдуг цы арæдзæ- мæдзæ кодта, æндæр хуыссæджы хъæстæ нал фæци. Цæйдæр аххосаг ын æй схуыдтой, кæд, дам, нæфæтчиаг кувинагмæ фæныхылдтай. Æртæ чысыл æртæдзыхоны ракодта Гыцца æмæ сæ скуывта, хатыртæ ракуырдта. Уый фæстæ Гыцца Уæзийы æрбахуыдта, цæмдæрты æвдылд хæцъилтæ февæрдта Нутæйы рæсыд цонгыл, рæсыд æрбадти, æмæ уæд дыууæ æхсæвы фынæй дæр акодта. Фæлæ та фæссихорæй нырмæ мад йæ цонг æхси- давау фæрадав-бадав кодта. Æмæ та йæ ныр Гыцца Уæзимæ рарвыста. Уымæл цъæхснаг уазал асыгъта Мæццийы фындзыкъоппа, йæ уадултæ. Лæппу бамбæрста, пъæра мигъ зæххыл кæй ных- 5
хуыссыд æмæ, куы адзæгъæл уа, уымæй тæссаг кæй у. Газаццеты хæдзары дæлæты куыд бауайа, йе ’ргом афтæ сарæзта. Къахт картофы хуымы-иу йæ къах кæм дзыхъхъы смидæг, кæм та-иу æй къуыппытыл скъуырдта. Уый фæстæ та сæ нартхоры бындзæф- хæдтыл къуырын байдыдта æмæ та-иу ныццудыдта. Цæхæрадæт- ты арæны бæлæстæй иуыл йæхи куы сцавта, уæд фæфæсмон кодта, уынгты кæй нæ ацыди, ууыл. Ныр дæр ма лæппуйы хъус- тыл уади йæ мады цæссыгуымæл, рисæйдзаг хъæлæс: "Мæ цонг мæхицæй нал у, дæ-дæ-дæй! Уæд та мын хаугæ куы акæнид!" Гыцца йыл сбустæ кодта: "Чындз, Хуыцауæн хъыг цы у, уыцы ныхæстæ ма кæн. Фидар фæлæуу!" Нартхоры хуымæй ахызти Мæцци æмæ лæгъзы бæргæ акъ- ахдзæфтæ кодта, фæлæ бæзджын мигъы йæ цæст ницы иртæ- ста æмæ йæ нæ уырныдта, раст цæуы, уый. Мæхи та мацæуыл скъуырон, зæгъгæ, йæ развæндаг ивæзт цонгæй сгæрста. Цыди, цыди æмæ Газаццеты каумæ куынæ хæццæ кодта æмæ йæм адзæгъæл дæн, зæгъгæ, йæ зæрдæ куыд сдзырдта, афтæ йæ къах цæуылдæр скъуырдта æмæ фæцудыдта. Йæ хъандзал хъæддых цæнгтæ ма размæ аппæрста. Мæцци банкъардта, йæ армытъæпæнтæ йын хъисыг хъуынтæ куыд фæрæхуыстой, бæлвырд раиртæста йæ амонæн æнгуылдз цыдæр фæрсыг-.тым- былмæ кæй фæкомкоммæ. Лæппуйы хъусты азæлыд тас æмæ рисæйдзаг удаист уынæргъын. Лæппу цъусдуг фæуыргъуыйау, фæлæ йын ныхсаг дзæмбытæ йæ бæхбæттæнтæ куы æрцæйрæдывтой, уæд æрчъицыдта. Тых- джын цæнгтæ йæ уыциу схуыст акодтой. Фæйнæ хатты ма аны- дзæвыдысты йæ къæхтæ, стæй зæххыл сæмбæлди æмæ йæ фар- сыл абырыд. Хæмпæлдзæсгом бирæгъзнæт лæджы цыма боны рухсмæ ауыдта — ныртæккæ йыл йæхи андзардзæн, мæлæтдзаг цæф ыл сæмбæлдзæн. Лæппу йæ къæхтыл алæууыди, иуварс асыффытт ласта. Цымыдис æй сонтæй фæурæдта, лæмбынæг ныхъхъуыста. Йе ’нæбон цас тынгдæр æнкъардта, уыйас æй маст цырендæрæй агайдта. Мæццийы зæрдыл æрбалæууыдысты хæстæй лыгъд лæгты тыххæй хистæрты ныхæстæ. Дзырдтой: ахæм хил рауадзынц, æмæ сын базонæн нал вæййы. Лæппу æппындæр нæ фæгуырыс- хо: йæхи кæуыл скъуырдта, уый дæр, æдзух ныгъуылдæй чи цæры æмæ тихалæджы змæлдæй дæр чи стъæлфы, уыдонæй у. Уырныдта йæ: уый рæхджы йæ чемы нæма æрцæудзæн æмæ кæнгæ фæсус хъæлæсæй фæфæдис: — Цы фестут?! Дæлæты, уæлæты — йæ размæ! Æввахсæй райхъуысти уæззау къахдзæфты уынæр, иу сæ 6
иннæйы æййæфта, ахæм къахдзæфтæ. Уынæр æххæст нæма бамынæг, лæппу уæд фæхъуыды кодта, бæгъæмсарæй кæй аззад, уый. Нагъ, йæ худæн ницыхуызы ис ныууадзæн — сæхимæ бæгъæмсарæй куы бацæуа, уæд æй Гыцца фæстæмæ расурдзæн, иннæ хатт та дæ сæр искуы баззайдзæн, готлекк чи у, уый, зæгъгæ. Гыццайы куыд сайдзæн, ууыл хъуыды- тыл куыд фæци, афтæ фембæрста: худ хæмпæлдзæсгомы къухы бафтдзæни. Хæмпæлдзæсгомыл йæхи кæм скъуырдта, уыцырдæм зæрдаивæй ацыди, къухтæй зæхх сгаргæйæ. Иуах- æмы йе ’нгуылдзтæ цæуылдæр аныдзæвыдысты, æмæ цинæй йæ зæрдæ фæрухс: "Мæнæ мæ худ!" Зæрдæхсаинаг цыдæр дзæбæх æрысгæрстытæ кодта æмæ разынди голлаг. Цъоло- би кæй фæхонынц, ахæм голлаг. Йе ’нгуылдзтæ-иу куы фæлмæны фæныгъуылдысты, куы-иу хъæбæрыл бамбæлыды- сты. Иу рæстæджы банкъардта, йæ уырзтæ цæмæйдæр кæй самæстысты æмæ сæ голладжы хус комыл асæрфта. Мæцци ныр бамбæрста: хæмпæлдзæсгрм йæ хæссинаг æрæвæрдта æмæ, аулæфыны цъусдуг йæхи куыд æруагъта, афтæ йыл йæхи скъуырдта. Лæппу схæцыди голлагыл. Нæ, нæ йæ афæраздзæн. "Сыфцæй йæ аласдзынæн", — загъта, йæхицæн ныфсæвæрæгау. Гъе, йæ чемы кæй æрцыди, уый йæ æрцардта. Ахæм рæстæг сарæхсы, скъæрцхъус вæййы. Æддозгомау Кæрæфдоны фале кæмдæр хъæды сæрмæ фе- гуырди фыдгулы æхсæвцуангæнæг хæдтæхæг. Йæ уынæрæй йæ уайтагъддæр базыдта Мæцци — æфсæн хъæлæсæй ниудта, арвы риу куыд лæбырди, уый йæ буарæй дæр æнкъардта. Фæлæ дзы ныр лæппу æрæмбæхсинаг нæ уыди. Иу рухсы тæпп никæцæй кæлы, хъæу йæ мæйдар хæрвы нынныгъуылди, æмæ йæ сæрты афардæг уыдзæн. Хæдтæхæг тахти хæрз ныллæджыты, æмæ Мæцци ныттæхуды кодта: "Ехх, ныр гæдыбæлæстæй искæуыл йæхи дзæбæх куы ахафид!" Раст сæ цæхгæрмæ уынджы сæрты йæхи æрбайста æхсæвцуангæнæг. Фыццаг дæргъмæ уынгæй бафале. Æртыккаг дæргъмæ уынгмæ бахæццæ уыдаид, уæд ацы уынджы чысыл уæлдæр срæмыгъта бомбæ, йæ зынг-цæхæртæ спæллахъ ластой. Йæ пиллон рухс ма уыцы цырен уыди, афтæ чысыл æддæдæр срæмыгъта дыккаг бомбæ. Хæдтæхæг хъæуы арæнæй аиртæсти, уæд зæхх æртыккаг хатт нынкъуысти. Стæй цъусдуджы бæрц дуне федзæм, æмæ уæд чысыл уæлдæр тигъæй райхъуысти зæрдæхалæн маройаг цъæхахст: — Бабын стæм! Бацарæфтыд стæм! Фæцыд сылгоймаджы богъ-богъæй кæуын, йæ хæдуæлвæд та — сабийы цъæхахст хъæлæс, цы ’рцыди, уый бамбарынхъом 7
чи нæма вæййы, ахæм сабийы фæдисы цъæхахст. Уайтæккæ æрдиаггаг кæуын, цъæхснаг цъæхахст æмæ куыйты рæйын сæмхæццæ сты. Йæ цыды сæр кæдæм уыди, уыцы уынгæй Мæццийы хъу- стыл ауади фæдисмæуайджыты тъæбæртт, удаист ныхасы скъуыддзгтæ. Кæцыдæр рæстæг кæйдæр дуар гомæй аззад, æна- хуыр ирд рухсы фат мæйдар æрбайгæрста æмæ лæппу ауыдта, уынгмæ кæй сæрты ахизинаг уыди, уыцы кау æм хæрз хæстæг кæй у. Мæцци уайтагъд уынджы балæууыд, уæлæрдæм тъæбæрттæй азгъордта. Йæ фæстæ кæй фæуагъта, уыдон дæр згъоргæ код- той. Цæхгæрмæ уынджы галиуырдыгæй тигъыл — Уæлацкæты хæдзар, сæ уисбыд кулдуар — тыгъд гом. Кæрты змæлджытæй иуы къухы — фанар. Ацы хæдзармæ рагæй дæр бафтаг уыди Мæцци æмæ иу фæкастæн дæр ауыдта, бомбæ ам цы знаггад ракодта, уыдæттæ. Ныллæг сахъарикъул хæдзармæ бацæуæн дуар — дæрæнтæ. Дуарæн йæ галиуырдыгæй къулæн йæ кой дæр нал уыди. Хæлд къулы ракомкоммæ кæрты астæу цъилæй хъазæн фæзы йас быгъдæгæй кæй аззад, уымæ æввахс бац- æугæйæ лæппу бамбæрста — бомбæ уым сæмбæлди, сфæйлыд- та йæ æмæ уыцы дзыхъхъæй талынг уæлæмæ калди. Сылгоймæгтæ цалдæрæй иу усы цæнгтыл ныххæцыдысты. Уый йæхи тыдта дæрæнгонд дуарырдæм, сылгоймæгты-иу йæ фæдыл фæцæйласта. — Ауадзут мæ! Ауадзут мæ! — айхъуыста маройдзаг хъæлæс, æмæ йæ базыдта — уый Уæлацкæ уыди. — Блумæ мæ цæуылнæ уадзут? Йæ цонг ын фæриссын кæндзысты. Йæ цæсгом та цæмæй ныхъхъулæттæ? Мæцци фембæрста, нæфæтчийаг ныхæстæ дзурыныл, йæхицæй æлгъитыныл кæй фæцахуыр кодтой, йæ цурæй-иу чызджытæ æмæ ног чындзытæ лидзæг кæмæн фесты, уыцы тыппыррус, хъæбысмæцæуаг Блу кæй нал ис. Уæртæ йæ мад Гатинæ абæгъæмсар, йæ сæрыхъуынтæ куы æррæдывта, æвæццæгæн, уæд æрхаудаид йæ сæрбæттæн. Бæгъæмсарæй йæ никуы федта Мæцци æмæ йæ сонт фæкастæн нæ базыдта. — Ныр, Блу, дæ нанайы хъæбысы фынæй кæнынæй бафсæд- дзынæ, — Гатинæйы хъæлæс фæмынæгдæр. — Нана дæ æнæ рæвдыдæй нæ ныууадздзæни, аргъæуттæ дын кæндзæни. — Га- тинæ сонтæй сыстъæлфыди, йæ цæнгтæ феуæгъд сты æмæ йæ рустæ æррæдывтаид, фæлæ йæ ацахстой. Мæцци хатыдта, ацы кæртмæ чи æрбахызти, уыдонæй иу 8
дæр æнæ схæкъуырцгæнгæ кæй нæ фæци, уымæн та йæ зæрдæ ныддур, æмæ дзы рæхджы иу цæссыг кæй не ’рхаудзæн, уый йæ рагацау фæцагайдта æмæ батыхсти, цыма ацы кæртæн уымæй æцæгæлондæр ничи разынд. Фæлæ йæ зæрдæ дардта — æнæмæнг фæуыдзæн ахæм, кæмæдæр фæкомкомæ уыдзæн æмæ йæ цæссыг фемæхсдзæн. Ахæм разынди ацы сыхаг лæппу йе ’мгар Гарцо. Уæдæй нырмæ дæр æй агуырдта, мæнæ æнамонд хæдзары бакомкоммæ цæры æмæ йын ам æнхъæл уыди. Усты- ты æхсæнты йын йæ цъупхуды гопп ауыдта Мæцци. Йæ цурмæ батагъд кодта. Йæ зæрдæ йын срæмыгътой, ахæм хæкъуырц- цытæ сирвæзти Гарцойæ. Мæццимæ иу æвдыст фæкодта йæ цæссыгдыппыр цæстытæ æмæ йæ дыууæ армæй йæ цæсгом ам- бæрзта. —Блуйыл Гама сæвæрдта ном... Куы цыди, уæд æй йæ хъæбысмæ систа æмæ мын афтæ: "Ацы лæггагмæ-иу дæ цæст дар?". Акъоп къахт сын куы уыдаид... Ныр Гамайæн цы зæгъдзынæн?.. Фæцагайдтой Мæццийы Гарцойы ныхæстæ, æртæфсти йæ зæрдæ, фемæхстысты йæ цæссыгтæ. Гарцомæ йæхи æппарæгау бакодта, йе уæхскыл ын йæ сæр авæрдта. Уый йæ æрбахъæбыс кодта. Кæуынæй сæ мондæгтæ уагътой. —Мæнæ зæрдæрыст адæм! — айхъуыста Мæцци нæлгой- маджы фæсус хъæлæс. Базыдта, дзурæг хъæуыхицау Петыр кæй у, уый. — Дæлдæр ныххауæд, мах нæ цард аразын чи нæ бауагъта. Хæцæнгарзы æвзагæй чи дзуры, уыдон цæргæцæрæнбонты цæрддзу фæкæнæнт, сау цæссыгтæй æхсгæйæ сæ бонтæ фервитæнт!.. Нана æмæ йæ чысыл хур Блуйæн сом фæстаг фæндараст зæгъдзыстæм. Ныр та... хæрзсыхæгтæй фæстæмæ ацæут уæ хæдзæрттæм... Цырагъ- имæ афтæ лæууæн нæй. Тугдзых хъæрццыгъатæ та нæм цы сахат фæзындзысты, уый ничи зоны... Къæрцхъус уæвын нæ хъæуы... Райсомы тыххæй та афтæ: уæлмæрдтæм ацæудзыс- ты ингæнкъахджытæ... зианты чи ахæсса æмæ сæ чи фæдæлсыджыт кæна, уыдон... хæрзхæстæджытæ, сыхæгтæй цалдæр... Амæй размæ дæр ыл дзырдтам æмæ ма йæ зæгъын: сæрфæцæвæн ныггæндтæ аразын хъæуы... Дыууæ-æртæ хæдзарæн иумæйаг фæныгъуылæн уæддæр. Кæрæдзи æнцой балæуут. — Фанар кæмæ уыд, уымæ ма бахъæр кодта. — Мидæмæ йæ ахæсс, йæ рухс куыннæ кæла... Сылгоймæгтæ кæртæй ивылын куы байдыдтой, уæд æрбалæууыди Мæццийы .зæрдыл, сæ хæдзарæй йæ Уæ- зимæ кæй рарвыстой. Адæмыл йæ цæст ахаста æмæ ауыд- 9
та йæ Гыццайы. Мигъ сыстади æмæ цæст алцыдæр иртæста. Зæронды цур алæууыд Мæцци æмæ йæм сдзырдта: — Гыцца! — Мæцци дæ? — Гыцца лæппуйы æрысгæрста армæй, февнг æлдта йын йæ сæрмæ. — Бæгъæмсар та цæмæн дæ? — Мæ худ нæхимæ айрох. — Рохниз дыл макуы бахæцæд, фæстæдæр та ма куыд уы- дзынæ? —Уæзитæм нал ныххæццæ дæн... —Ардæм куы рафæдис стæм, уæд чындз фæкалди, къухы уæларм стыдта æмæ йæ хæрам æддæмæ фæци. — Æз Уæзимæ ныууайон, — сдзырдта Мæцци. — Нæхимæ, нæхимæ, — йæ цонгыл ын фæхæцыди Гыцца. — Гарцойæн ма цыдæр зæгъон. — Гарцо дæр хъæмæ цæуæд... Уынджы тигъæй райхъуысти кæуын. Мæцци бафиппайдта: дойнаг дуры дæр фæцагайы, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, ахæм кæуын. Æрлæууыдысты, сæ ныхасæй фæхъус сты. — Уæ, нана! Нана нал ис!.. — сæ размæ æрæввахс хъыггæнæг æмæ йæ Мæцци базыдта — сæ къласы лæппутæй уыди. — Герман у, Герман, - сдзырдта сылгоймæгтæй иу. — Уыцы номæй йæм нал уадзынц дзурын, — загъта иннæ сылгоймаг. — Герман, дам, нæ фыдгул у. —Уæдæ йæм цы номæй дзурынц? — Быдзыго йæ хонынц, — загъта Мæцци. Гыцца хъыггæнæгмæ уынгæг хъæлæсæй бахъарæг кодта: — Нал ис, нал, мæ къона, дæ нана! Дæ сидзæры бонты дæ йæ хуртæй чи батавта. Уас, знаг йæ хъиутæ фæхæра, йæ кæстæрты цин æмæ хурæй макуы бафсæда!.. ■ — Дзидзидайæ чи баззад æмæ зæронд Уæлацкæйы риуты æхсыр кæмæн разынд, уыцы лæппу у, — загъта сылгоймæгтæй иу. — Уый у, — загъта Гыцца. — Дæлæ бындæр цардысты. А— Германыл мæйтæ цыди, афтæмæй сидзæрæй баззад. Фалæсы- хаг сывæллонджынтæ йын дзидзи дардтой, фæлæ сæхи дзи- дзидайты фаг дæр нæ кодтой... Фосы æхсыр ын нæ тади. Уæд ацы дзæнæты-фæбадинаг Уæлацкæ сывæллоны цъæхахстгæнгæ сæхимæ схаста. Цасдæр рæстæг ма сæ уатæй сабийы кæуын хъуысти, уалынмæ ныссабыр. Рацæй-рабон æмæ йæ кæд баф- тыдта йæ хус риутыл, æмæ, цы ’нхъæл стут, æхсыр æм разынд. Саби скъоламæ цæуын байдыдта, фыдыус æй нæ уарзта. Уæ- 10
лацкæ-иу йе ’рцыдмæ сæ дуармæ бадти. Йæ ронæй йын-иу исты фелвæста. Гыцца ма Быдзыгойы койтæ кодта, афтæ Мæцци æмæ Гарцо цæхæрадонмæ бахызтысты. — Искуы удæгас дезертир федтай? — афарста Мæцци. — Никуы. — Æмæ дæ фæнды дезертир фенын? — Чи у, чи? — бацымыдис Гарцо. — Ныртæккæ алцыдæр базондзынæ. Дæ хъус мæм дар, цы кæнын хъæуы, уый къухæй амондзынæн. Гарцотæй Газаццеты æхсæн — дыууæ хæдзары. Сæ цæхæра- доны арæныл куы æрлæууыдысты, уæд Мæцци сцырддзаст, фæйнæрдæм хъахъхъæдта. Уæртæ сæм Газаццеты хъæмпынсæр скъæт йæ чъылдым сарæзта. Йæ къулы рæбын адæймаджы æндæргау цыдæр сау дардта. Мæцци дзы йæ цæст нал иста. Æрæджиау раиртæста — къулæнцой лæууыдысты хъæдуры хъилтæ. Уынгмæ кæй сæрты ахызти, уыцы кауырдæм бацыдыс- ты. Хæмпæлдзæсгомыл каумæ æввахс бахауди. Дзагхъуаг цъо- лоби голлаг уыцы бынатæй дæс метрæй фылдæр нæ аластаид. Гарцойæн йæ къухæй ацамыдта: ды ам лæуу, йæхæдæг, йæ зæрдæ кæдæмыты æхсайдта, уымыты æрзылди — йæ цæст ницæуыл æрхæцыд. Голлаг ма ам æрбаййафдзæн, ууыл йæ ^зæрдæ нæ дардта, фæлæ, йæ худыл кæй фæхæст уыдзæн, ууыл нæ багуы- рысхо. "Мæ худ дæр мын ахаста,"— æнæгуырысхо хъуыды февзæрди Мæццимæ. Цæхæрадонæй куы рахызтысты, уæд Мæцци Гарцойæн ра- дзырдта, мæйдары Газаццеты цæхæрадоны цы ’рцыди, уыдæттæ. —Æмæ йæ талынджы куыд базыдтай? — афарста Гарцо. — Мæ зæрдæ мæм афтæ дзуры: Газацце йеддæмæ ничи уыдаид. — Йæ голладжы та цы уыди? — Хом дзидзайы къуылдыхтæ. Уырзтæй йæ фесгæрстон, — йæ къухтæ сæвдыста, йæ армытъæпæнтæм ныккасти. — Мæ къухтæ ныссæрфтон, фæлæ ма рухсмæ тугæйдзæгтæ бæрæг уаиккой. Кæйдæр стур аргæвста, бирæгъ. Мæ худ дæр мын ахаста... — Газаццеты хæдзарырдæм ацамыдта. — Нæ хъус æм дардзыстæм. Дзургæ... никæмæн ницы... 2. Быдзыго йæ мидфынмæ хъуыста хъуырдухæны уынæртæ. Нæлгоймаджы хъæлæс æй къæмдзыджы ныдзæвдау агайдта. Тыргъты дуары хъинц æмæ хъæбæрбын цырыхъхъыты къуп- пытæ æрыхъал кодтой Быдзыгойы. 11
— Дысон тынг æрæджиау фæзынди. Карчы цъынд дæр нæма акодта. Афтæмæй йæ куыд цæуын кæныс куыстмæ? — айхъуыс- та лæппу йæ фыдыусы хъæлæс. —Рæстæг айдæн у, чи цы у, уый дзы разыны. Аууæтты чи ’мбæхсы, уый вридитыл у! — Быдзыго базыдта Асæгойы йæ нæргæ хъæлæсæй. Кæддæр, загътой, фæуæзхъус æмæ уæдæй фæстæмæ схъæрæйдзураг. Æрæджы колхозы сæрдары хæстмæ акодтой, æмæ Асæго уый бæсты сбæрнджын. Раздæр та брига- дир уыди. Быдзыго йæхи фынæйæфсон скодта. Хъæццулы бынæй ма зындысты йæ арцау цыргъ сæрыхъуынтæ. Къæрцц! Къæрцц! Къæрцц! Хъæбæруафс цырыхъхъытæ тъах- тины цур æрлæууыдысты. — Лæппу! Рæвдз фæгæпп лас! Быдзыгойы сым-сым ссыд, йæ сæр хъæццулы бын арфдæр нынныгъуылд. —Рæвдз! Рæвдз фæгæпп лас, зæгъын! Ницæмæ æрдардта лæппу уыцы бардзырд дæр. Уæд Асæго хъæццулмæ фæлæбурдта, дæлфæдтæм æй уыциу риуыгъд акодта, æмæ Быдзыго мадард бæгънæгæй аззади. Хуыссыди дæлгоммæ. Нæ базмæлыд лæппу ныр дæр, сабыр хъæлæсæй загъта: — Мæ дзаумæттæ скæньш мæ бауадз. — Æрмæст рæвдз! Рох дæ ма уæд. Военни рæстæджы домæнтæмгæсгæ куыстмæ байрæджыйы тыххæй дæр — три- бунал! — дуаргæронмæ акъахдзæфтæ кодтой хъæбæр цы- рыхъхъытæ æмæ та райхъуысти. — Дуармæ дæм æнхъæлмæ кæсдзынæн! Уæдæй нырмæ йын йæ фыдыус фæдзырдтаид, дысон æнæ- хуыссæг цæмæн фæци, зæронд Уæлацкæйæ мады рæвдыд кæй зоны, абон æй йе ’нусон фæндагыл кæй фæндараст кæнынц, æмæ Быдзыго уырдæм куыннæ хъуамæ ныццæуа... Фæлæ Асæго уыдæттæ мурмæ дæр не ’рдардзæн, рагæй æнхъæлмæ касти йæ маст райсынмæ æмæ йын мæнæ ныр зам- манайы фадат фæци. Быдзыгойæн йæхицæй ницы маст зоны — йæ мадыфыд Зелыммæ къухбакæнæн не ссардта æмæ уый маст ныр хъуамæ Быдзыгойæ райса. Колхозтæ аразыны рæстæг Асæго комфæсивæдонты чыры секретарь сси. Уый размæ ногдзауты чыры раздзог уыди. Бы- дзыгойы мадыфыд колхозмæ нæ куымдта. Мæ бæх мын, загъ- та, мæхи бар уадзут, колхозы куыст дæр ыл кæндзынæн, хæдза- ры зылдтытæ дæр. Бæх та ахæм уыди, æмæ йын йе рагъыл айк сæвæр, уæд дзы сиргæйæ нæ ахаудаид. Чындзхæссынмæ-иу æй 12
хицауимæ бацагуырдтой. Скулак дæ кæндзысты, зæгъгæ^ йæм ныххатыдысты йæхиуæттæ, сыхæгтæ. Радта йæ бæхы æмæ кол- хозы кусын райдыдта. Æцæг хицæуттæн ныллæгъстæ кодта, бæхыл мæхæдæг кусон, зæгъгæ, æмæ йын уыцы бар радтой. Йæ бæх нæ фæцудыдта, иннæтæм ахæм зылд нæ цыди æмæ фæ- цауд сты. Дугътæ уагътой Фыццæгæм майы бæрæгбоны номыл. Хъæу- гæрон стыр обауы алыварс гутонæй æддозты æрхахх кодтой — дугъæттæн уырдыгæй мидæмæ æрбахизæн нæ уыди. Фыццаг æртæ бынаты чи бацахста, уыдоны лæвæрттæ лæууыдысты обауы сæр. Асæго Зелымы нæ бауагъта ерыстæм, колхозы- куыстмæ, загъта, зæрдæбынæй нæ тырны, лодыртимæ хъæзты- тыл зилы. Асæго йæхæдæг балæууыди дугъонты фарсмæ. Ерыс куы райдыдта, уæд ма дугъæттыл иу куы бафтыди, уый алчи нæ бафиппайдта. Фыццагдæр æй чи базыдта, уый ныхъхъæр кодта: "Зелым-м-м! Зелым фæзынди!" Æндæр чидæр æмадзырдта: "Зе- лым, лæг цы у, уый ма сын фенын кæн!" Зелымы бæх уайтæккæ фæстаг барæджы разæй фæци. Адæм сцымыдис сты, сæ каст уымæ скодтой. Радыгай сæ фæсте куыд уагъта, уый сын цины гуырæн фестади. Зелымы ном арæхæй-арæхдæр хъуысын рай- дыдта. Уалынмæ райхъуыстысты, Асæгойы уæлахизмæ чи бæллыди, уыдоны хъæлæстæ дæр. Комфæсивæдонты раздзæуæг уæдæй нырмæ йæ бæхы рохтыл фæстæмæ хæцыди. Йæ хъавд ын зыдтой. Цасдæр-иу Асæго йæ рцзæй никæй ауагъта. Æппæты раззагимæ-иу æмдугъ кодта. Сцырддзаст-иу ис æмæ, марадз- зæгъ, кæд уылынджы бæрц дæр искæй йæ разæй уагъта. Уый йæ хотых уыди æмæ дзы дугъæтты ныфс саста, фæхъазыди сæ- иу. Гъе, фæстаг зылд æркæнын ма сæ-иу куы хъуыди, уæд-иу рохтæ суагъта, дугъоны барцыл-иу йæ роцъо æрæндзæвыд. Асæгойы уæлахизмæ бæлджытæ ахъæр кодтой: "Дæ дугъоны рохтæ суадз!" Уый фæстæ афтæ дзырдтой, байхъуыстаид сæм, фæлæ, дам, ницæмæуал арæхсти, Зелым дугъæтты æхсæн кæй фæзынди, уый йын йæ зæрдæйыуаг фехæлдта. Зелым фыццаг бынат бацахста, фæлæ йæ нæ бахорзæхджын кодтой, ерысон- ты номхыгъды нæ уыдтæ, зæгъгæ. Къуырийы фæстæ Асæго районмæ ацыди æмæ фæстæмæ нал фæзынди. Адæм фæфæдис сты, фæндагмæ æввахс рæтты йæ фæцагуырдтой, фæлæ ницы. Ссардтой йæ хъæддзаутæ — фæхты хостау æй ныччынди, йæ цæсты бынтæ барæсыдысты, йæ сæр фысы æлвыд, йе ’рфгуытæ йын тамакойæ басыгътой. Косаæр- фыг ном ыл сбадти. Асæго куыстмæ нæма рацыди, афтæ Бы- дзыгойы мадыфыды æрцахстой — кæд разынди колхозон цар- 13
дарæзты цыфыддæр знаг. Цыппар азы фæстæ суæгъд ис. Кол- хозы та куыста, йæ бæхы та сифтыгъта. Бæх та бадзæбæх ис. Иуахæмы бæхы ссардтой, йæ артæнтæ йын кардæй скарстæу- ыд, афтæмæй. Нартхоры хуымы разынди. Колхозы бæхдонмæ йæ нæ бакодтай, зæгъгæ, йыл æрымысыдысты, æмæ та зæронд лæг сбадти ахæстоны. Зелым хæстмæ куы цыди, уыцы бон ын йæ мады та куыстмæ тардта Асæго. Сиддон æм рауади æмæ, хæссинаг фæци, афтæ йæ фæнадта. Йæ дарæстæ тагъд акодта Быдзыго. Кæрты иу къуымы — галуæрдон. Галтæ гуыффæмæ ивæзтой сæ мукъутæ, сæ уæззау æфсæртæй фæлхор æнæбары æвдæрзтой. Быдзыго тыргътæй ауыдта Асæгойы — уынджы къанауы был фæйнæг бандоныл бадти. "Цалынмæ мæ куыстмæ атæра, уæдмæ нæ ныууадздзæн", — рафыхти лæппуйы маст. Скъæтæй радавта æфсæйнаг къух сагой. Иу мæстæлгъæд хъуыды иннæйы сырдта: "Ныртæккæ йæ барæхойдзынæн. Йæ цæстытæм ын хъавдзынæн..." Сагой йæ фæстæ ласта. Кауы зыхъхъыртæй уыдта: йæ амсцнæн æн- гуылдз æртхъирæн тылдкæнгæйæ, сæрдар фыдыусæн карзæй цыдæртæ дзырдта. Кулдуаргæрон фæлæууыди, йæ сагой кауырæбынмæ баппæрста æмæ æддæмæ ауади. Асæго куыддæр бандонæй сыстади, афтæ йæ лæппу дыууæ къухæй уыциу схуыст фæкодта. Лæг фæстæмæ фæцудыдта, бандоныл йæ къах скъуырдта, фæуæлгоммæ æмæ къанауы смидæг. Раздæр нынныгъуылди йæ сæр, бухархуд фæхауди æмæ йæ дон аскъæфта. Йæ гæбæрхуыз сæрак къурткæйы тæрттæ доны бын фесты, цырыхъхъытæ цасдæр уæлдæфы хъилæй аз- задысты, фæлæ лæг йæ фарсыл куы æрфæлдæхти, уæд цырыхъ- хъытæ дæр доны нынныгъуылдысты. Быдзыго йын йæ ехс цæхæрадонмæ нынтъыхта, базгъордта æмæ кæртæй сагой ра- давта. — Гъер мæм æрбакъахдзæф кæн! — сагойы æфсæн къухтæй ныхъхъавыди сæрдармæ. — Дæ тъæнгты дын æй ауадздзынæн. Асæго тагъд фестади, фæлæ нæ бауæндыди лæппу- йырдæм былмæ схизын. Фæззыгон дон.цъитийы уазал хæссы, æмæ Асæгойыл ризæг бахæцыд. Иу æнарæхст æвнæлд фæкодта йæ сæрмæ æмæ йæ алывæрстæм дзагъ- ултæ кæныныл фæци. — Вридитыл дæ ды! — йе ’нгуылдз ныддардта лæппумæ. — Дæ номимæ дын де знаджы зæрдæ дæр сласын хъуыди. — Кæм бамбийай, ахæм ранмæ ласинаг дæ! 14
Уæлацкæ æмæ чысыл Блуйæн хурбон скодта. Цырд мигъты стæм тъыфылты астæу сихормæ æввахс фæзынди немыцы фæлгæтæнгæс хæдтæхæг — "Рамæ". Арфададжырдыгæй æрис- та йæхи æмæ, уартæ хъæдрæбынты цы фæндаг цæуы, уый сæрты æрфардæг. Бынæй йæ æхстой цалдæр ранæй. Хъæды рагъæй хæрдмæхсæнты гæрæхтæ нæрыдысты. Алы гæрахы фæстæ дæр- иу тæпп фегуырди сгарæгæн куы йæ бынмæ, куы йæ разæй, куы йæ фæстæ. Цыма йæ тæрсын æхст кодтой. Æрвгæс цуанон сæ ницæмæ дардта, кæдæмдæр йæ нысанмæ æдæрсгæ тырныд- та. Дыууæ чырыны ахастой хъæуы зæрæдтæ æмæ кæстæртæ цалдæрæй, — ингæнкъахджытимæ уабирæ цæмæй ма бауой. Зæрæдты æмæ сылгоймæгты къорд куы аивылдысты уæлмæрдтæй, уæд ингæны уæлхъус балæууыди Быдзыго, йæ фæйнæфарс — Гацо æмæ Мæцци. Иу ингæны дыууæ байбыны бакъахтой, иу ингæнмæ ныу- уагътой дыууæ чырыны. Цырт æрбахъæбыс кодта Быдзыго, ингæн’мæ ныдздзырдта: —Нана, дæ фыдæбæттæй дын ницы бафыстон. Фæлæ уын мæ ныхас зæгъын: чысыл Блуимæ уæ мæрдтæм чи барвыста, уыцы фыдгултæй уын уæ туг райсдзынæн!.. Лæппутæ уæлмæрдты каубыд дуары фæйнæ фарс бадгæ рай- йæфтой хъæуы дружинæйы уæнгтæ Къупыр æмæ Зыкъуыры. — Къупыры хъæбысы — фондзæхстон топп, Зыкъуырмæ — дыууæхæтæлджын цуаноны гарз. Къупыры ма сæракдзæст дæр хуыдтой. Йæ галиу цæст суарийы йас тымбыл сæракæй æмбæрзт, йæ иу цæст скæсæнмæ здæхт, иннæ ныгуылæнмæ. Зыкъуыр-иу быдыргæс уыди, ныр дружинæйы рæбинагдæр уæнг баци. Асæй Къупырæн йæ роцъомæ дæр нæ хæццæ кодта æмæ загътой: "Зыкъуыры чъылдыммæ æрлæууыд Къупыр æмæ æрбацæуæнтæ æртæрдыгæй дæр хъахъхъæд цæудзысты". Зыкъуыр æрæхгæдта Быдзыгойы развæндаг æмæ сдзырдта: — Ды дæ аххосджын, знаггадгæнæг æмæ, кæм æмбæлы, уым хъуамæ дзуапп радтай! — колхозы правленийырдæм ацамыдта. — Араст у нæ разæй! — Кæм фæзылынджын? — бафарста Мæцци. — Йæ нанайы ныгæныны бар ын нæй? — Сымах та чи стут? — сбустæ кодта Къупыр. — Тæрхъусы басы бас! Уæ фæндагыл афардæг ут! — Уæлацкæ йын мады хуызæн уыди, — загъта Гарцо, йæ 15
цъупхудыл уæлдæр схæцыд. — Хъуамæ йын ратæфæрфæс код- таиккат, сымах та... — Закъон лакъонгæнæг æфхæрд хъуамæ цæуа! — Къупыр балæууыд Быдзыгойæ лæппуты æхсæн. — Герман, адон дын цы кæнинаг сты? — бацымыдис Мæцци. — Куы ницы загътай?.. — Сымах ничи фæрсы. — Къупыр топпы хæтæлæй æддæдæр ахæцыди Мæццийыл. — Германтæ æмæ нæл Апонтæ нал ис, ферох сæ кæнут! — Ацæут, — загъта Быдзыго лæппутæн, — уый фæстæ аны- хас кæндзыстæм .— Æмæ йæхæдæг дружинæйы уæнгты разæй уæлæсыхырдæм араст хъæугæрæтты. Сæ фæдыл кæсгæйæ цасдæр алæууыдысты дыууæ лæппуйы. — Цом-ма, — сдзырдта Мæцци, — Петыры бафæрсæм, уый хабар зондзæн. Хъæумæ бахызтысты, фыццаг дæргъмæ уынджы стындзыд- той. Дыккаг цæхгæрмæ уынджы Тамбийы бæхуæрдон сæ размæ фæци. Тамбийы дæле — дыууæ хойы. Фыдæй фæсидзæр сты, сæ мад хæдзары змæлынхъом дæр нал уыди, æмæ ацы аз Там- би скъоламæ нал бацыди, сæрдарæй уæрдон бацагуырдта. Дыууæ лæппуйы сæ цыды сæр куы бамбарын кодтой, уæд Тамби бадис кодта: — Æмæ сымах ницы фехъуыстат? Косаæрфыджы Быдзыго сæ къанауы æд дзаумæттæ ныннадта. ^- Асæгойы?! — ахъоппæг сты Гарцойы цæстытæ. Мæцци дæр куыннæ бадис кодта, фæлæ ма йын æхсызгон мидбылхудт дæр фæцагайдта йæ цæсгом. — Къанау йæ фуйæ-фумæ калди æмæ йæ уырдæм фесхуыс- та. Куы-иу сцæйстади, уæд та-иу æй фессыдта. Дзæбæх куы ныддонласт ис, уæд та йæм сагой радавта. Куы мæ барæхойа, зæгъгæ, косаæрфыг йæ разæй лыгъди... Кусынмæ йæ тардта, хуыссæнæй йæ пъолмæ раппæрста... Мæцци æмæ Гарцо атагъд кодтой Петыры агурынмæ. Ца- лынмæ хæццæ кодтой, уæдмæ ма сын хабар радзырдтой дыууæ хуызы. Цыма Асæго, йæ дон мизгæ, Быдзыгойы разæй лыгъди, лæппу йыл сагой бахста, йæ цырыхъхъы хъусы сæрмæ хæцъæфы фæсагъди æмæ йæ цасдæр йæ фæдыл аласта. Иннæ загъта: Асæгойы Быдзыго йæ къахæй цасдæр къанауы фæралас-балас кодта... Хъæуыхицаумæ районмæ фæсидтысты æмæ нæма фæзынди. Быдзыгойы дружинæйы уаты кæй фæкуыси кодтой, уый дæр базыдтой. 16
Уынджы дыууæйæ куы аззадысты, уæд Гарцо загъта: — Силосы дзыхъхъы йæ куы ныппарой, уæд ахсæв-бонмæ басидзæн. — Йæ уæлæ хъарм дзаума дæр нæ уыди, — загъта Мæцци. — Исты йын бадæттын хъæуы. Силосæвæрæн дзыхъхъытæ уыдысты колхозы хордæтты кæрты. Цъайтау — тымбылкъул, дурастæрд, куы-иу сафтид сты, уæд дзы пайда кодтой ахæстоны хуызы. Куы фæталынггæрæттæ, уæд Быдзыгойæн хæдзарæй æрхас- той бæмбæджджын, кæрдзыны æрдæг, цыхты къæртт æмæ ав- джыдзаг дон. Æнафонтæм фенхъæлмæ кастысты, фæлæ кæртгæс никуыцæй разынди, æддæмæ сæм нæ ракасти. Уый Асæгойы фæндæй афтæ рауадаид, ома, Быдзыгойы кæм дарынц, уый мачи зона. Баздæхтысты æмæ та колхозы къанторы дуар хойын бай- дыдтой. Кæддæр сæм ракасти Зыкъуыр. Зыхъхъыргом дуарæй сæм радзырдта: — Цæмæн ма сысхъæл стут? — Германæн бæмбæджджын æрбахастам, — загъта Гарцо. — Ахъуытты ут уын зæгъын!.. — Куы суазал уа, уæд дзуапп ды дæтдзынæ, — бартхъирæн æм кодта Мæцци. — Сымах дæр къарцы кæнинаг стут? — дуар йæ тарвазыл сæмбæлди, уый фæстæ дæгъæлы уынæр райхъуысти. Дыууæ лæппуйы афæнд кодтой бæрзонд сисы сæрты кæртмæ ныххизын, фæлæ куыйтæ бæстæ сæ сæрыл систаиккой. Али- дзыны фадат ын цы хуызы саразой, ууыл хъуыды кодтой. Тар- стысты, Асæго йыл æвзæр дамтæ куы æрымыса æмæ йын хæстон къæмиссарадмæ бацæуыны фадат дæр куы нал фæуа, уымæй. — Ацы уазалы йæ дзыхъмæ цы зæрдæйæ хъуамæ ныргъæ- вой, — загъта Гарцо. — Сæхи уаты йæ дардзысты. — Æмæ сæ уæд афæливид, дыууæйæ сын æртæ цæсты йеддæмæ нæй, — уыдонæй дæр дыууæ дзæгъæлгаст кæнынц... — Бафиппайдтай, Уæлацкæ æмæ Блуйы ингæны цур цы хъæлæсæй дзырдта Быдзыго? — Йæ цуры цыма æппындæр ничи уыди, ахæм хъæлæсæй Дзырдта... Цыдысты цадæг къахдзæфтæй, хъуыдытæ кодтой. Уæддæр Цыдæр мадзал ис. Быдзыго ахæстæй цæмæй фервæза, уымæн æмæ сæ кæцыдæрмæ уыцы æрхъуыды хъуамæ разына. Æмæ нæ тагъд кодтой сæ хæдзæрттæм. Иу рæстæджы Мæцци цæхгæр фæлæууыди: — Ила! Ила нын баххуыс кæндзæн! Мах дуГ № 4, 1999 17
— Лыгъд лæгтыл цуангæнæг? Æмæ йæ кæм агурын хъæуь — Районы. Асæгойы хахуыртæ йæм цалынмæ нæма бахæцц сты, уæдмæ йын хабар радзурын хъæуы. Цом-ма, Тамби нар хор фæласы, уыимæ ацæудзыстæм. Фæсæмбисæхсæв къорыпджын уæрдон дзагхъуаг бакодтой, æм фæндагыл атылди сæ уæрдон. Уыцы бон сихорыл фæхæст ст Илайыл. Бакой йын кодтой: Быдзыго уæлмæрдты ард бахордта къæмисарадмæ цæуинаг уыди, фæлæ йын бахæрам кодтой... 3. Гарцотæм фосæй уыди иу дуцгæ хъуг, род. Гарцойы фы Гадзымайы нывондаг уæныг, дыууæ фысы, ацы азы хъыбыл. Æмæ ныр дыккаг бон къахтой, нывондаг^кусæрттаг æмæ сæ хъуджы кæм бамбæхсой, ахæм ныккæнд. Йæ ныццæуæн хъуа- мæ рауайа дзæгвæзарæзт, йæ сæр — кауæй агъуыст. Кауыл уырдыг слæууын кæндзысты нартхоры хъæллæгъы куыристæ. Ныххиздзысты сæм-иу æхсæвыгон. Дон,- холлагхъуаг куынæ æййафой стуртæ, уæд нæ уасдзысты. Гъе, уыдæттæ хынцгæйæ, Гарцо æмæ Мæццй дыккаг бон къах- той ныккæнд. Сæ хъус дардтой Гарцойы мад Ануса æмæ йæ хо Кыла. Гарцойы чысыл хо Маройæй та-иу ныккæнд куы гæппытæй хъазæн дзыхъхъ фестад, куы æмбæхсæн фидар. Дыууæ стурæн фезмæлæн куыд уа, афтæ уæрæх æмæ арф къахт куы фæци ныккæнд, уæд лæппутæ белтæ сæ быны бакод- той æмæ сбадтысты. Мæцци хъæцъилы тыхтæй йæ ронæй цыдæр сласта, райхæлдта йæ æмæ сæ цымыдисуадзæг цæстыты раз фегуырди наган. Мæцци хæцъил йæ хъæбысы айтыдта æмæ йыл наган æрæвæрдта. Гарцо бацыбæл æмæ йæ фелвæстаид, йæ армæй йын йæ алы хай дæр куыд банкъара, афтæ йæ рафæл- дах-бафæлдах кæнид, мæнгвæдæг амонæн æнгуылдзæй æлхъи- вид. Фæлæ йæм нырма Мæцци дæр нæма æвнæлдта, цыма нæфæтчийаг исты уыди. Æгас хъæуы дæр канд сæхи карæнты æхсæн нæ, фæлæ но- джы хистæр лæппутæ дæр Мæццийы нымадтой. Бакъорд-иу сты куы иу ран, куы иннæ ран, цыдæр цымыдисаг фæндтæ сæм-иу фæзынд, фæлæ Мæцци семæ нæ фæци — ницы-иу басгуыхтыс- ты. Мæцциимæ рæствæндагдæр кодтой. Фæсвæд æмбæхсæнтæ æмæ фæныгъуылæн рæттæм арæхдæр æфтыдысты. Мæццийы ,цæст уыди уынагдæр, ’йæ хъуыды — тасагдæр. Æндссрæбон сæумæйæ Мæццимæ æруади йæ фыдыфсымæр Уанейы бинойнаг Цеза. Загъта: "Нæ уæныг æртыккаг бон нæ зыны". 18
Колхозы ма дыууæ тракторы баззади, сæ иуыл бадти Уане мæ йæ хæдзармæ æппындæр не ’вдæлы. Цеза куыд радзырдта, афтæмæй уæныджы Кæрæфдоны сæрты фендæуыди æмæ, дам, кæд Уът хъæАы искуы хизы. Мæцци Гарцойы бацагуырдта æмæ йын афтæ: "Бигъа бахордта Уанеты уæныджы. — Йæ дыууæ къу- хы атымбыл сты. — Тæппуд Бигъа хъуамæ хæдмæл хæрид! Цы загътаин Цезайæн, йæ курдиат ын æххсæт кæнын хъæуь?'. Кæрæфдоны сæрты бахызтысты. Какон къутæрджыны азыл- дысты, сæ рæгъæдтæй сын фæхордтой, мугæты фæлмæнтæй та сæ дзыппытæ байдзаг кодтой. Суанг изæрмæ рæстæгæрвитæнтæ фæкодтой. Рухс ма уыди, афтæ Кæрæфдонмæ сæхи æрбайстой. Лсæрды Ила æмæ йе ’мбалы бидаркæ дон кæм сфæлдæхта, уыцы ранмæ æрбафтыдысты. Уæдимæ абаргæйæ куыд ныттæнæг ис Кæрæфдон. Уæд-иу ныссæрбын кæнгæйæ Илайы наган æмæ гил- дзыты хъатара кæм агуырдтой, уыцы рæтты ныр сурæй базза- дысты. Змисы æууад хъæпæнтæй гудзи кодтой донласт къæцæлтæ. Уæд лæппутæ ам сæхи надтой. А-Ила æмæ йе ’мбал сæм атагъайæ æрбацыдысты комкоммæ, афарстой: "Æппæты тæнæгдæр цы ран у?" Сæ найæн малы дæлемæ сын бацамыдтой, ома уым тæнæгдæр у, фæлæ ацы доныл æууæнк нæй — ивылд у. Æрхызтысты, сæ иу хæцыд бæхы рохтыл, иннæ гуыффæйыл. Доны тæккæ астæу бидаркæ фæфæлдæхт. Лæппутæ бæхы æрцах- стой дæлдæр, раластой йæ æд бидаркæ. Ила нырдиаг кодта: "Мæ наган!" — æмæ йæ сæрмæ фæлæбурдта. Ныссæрбын-иу кодтой лæппутæ æмæ агуырдтой, агуырдтой. Рацыдысты ардæм дыккаг бон дæр, æртыккаг бон дæр, цы дуры бын нæ басгæр- стой, ахæм дзы нал баззади, фæлæ — ницы. Ныр дæр сæ фæндаг ауылты барæй ракодтой. Иу змисхъæпæнæй ламийæдзаг гæрзы гæбаз зынди, Мæцци йæ йæ хъусджын дзабыры фындзæй сцав- та, фæлæ змисы бын ныгæд цы æрцæуа, уый дын æнцонæй хауы. Схæцыди йыл æмæ ронимæ иумæ сласта æдхуымпъыр наган æмæ хъатара. "Мæнæ ис Илайы сæфт наган!" — бæрзонд æй фелвæста æмæ æркафыди. Тыртыйы къутæрты аууон сæхи æруагътой, наган фæсæрфтой, æрцагътой йын йе змис, къæцæлæй йын ныссыгъдæг кодтой йæ хæтæл, æмæ йæ барабан зилын байдыдта. Гилдз-иу йæ бынатыл сæмбæлди, фæлæ цынæ фæкодтой — мæнгвæдæг нæ базмæлыди. Сызгæ ис, зæгъгæ, банымадтой. Уæныджы агурыны æфсон уый фæстæ бон дæр аЦыдысты атагъамæ. Райхæлдтой та наган, фæсæрфтой йæ хус хæцъилæй, — не скуыста мæнгвæдæг. ■— Чи зоны, нæ хъæуы ахæм лæг ис, амæн йæ сахъат чи базонид, — загъта Гарцо. 19
— Зæгъæм, ахæм лæг ссардтам, уæд цы? Баууæндиккам ыл| радтиккам æм æй? — хъуыдытæ кодта Мæцци. — Кæс-ма| хабæрттæ кæрæдзиуыл куыд бæстытæ сты. Газацце Уанети уæныг куынæ аргæвстаид, учæд ардæм нал рафтыдаиккам .æмаа ацы трофейтæ æндæр искæй амонд фæуыдаиккой... *| Мæнæ ныр бадтысты Мæцци æмæ Гарцо ныккæнды, кастысч ты наганмæ — цы йын æрхъуыды кæной? $ — Гъæ, хинæйдзæгтæ! — дзыхъхъы тæккæ былæй сæЦ æрдзырдта Гарцойы чысыл хо Маро. — Хъазæнтæй хъазут? 1 Мæцци хæцъилы кæронæй амбæрзта наган æмæ фæтъæллан^ ласта чызгыл: 1 — Хауыс æмæ дæ къах сæттыс! Гарцо фестад, Мæцци йæ аууон куыд фæуыдаид, афтæ ал- æууыд æмæ йæ хомæ сдзырдта: — Цу-ма, базон, хæринаг нæма сцæттæ? — Уæдæ мæм уæ хъазæн равдисут. Хæцъилы тыхт наган Мæцци йæ роны атъыста, армыдзаг дур фелвæста, цæхæрадонмæ йæ нынтъыхта æмæ чысыл чызгмæ сдзырдта: — Хъазæн атахти, згъоргæ æмæ йæ фелвас. Саби ма цыдæртæ дзырдта, фæлæ йæ Мæцци нал æрхъуыды кодта — æлыджы стыр къуыбар кæдæм фехста, уыцырдыгæй айхъуыста удаист хъæр. Ныггæндæй ссæдз метры æддæдæр ауыдта сылгоймаджы фæцæйуайгæ, йæ сæрыфахсыл хæцыди æмæ фембæрста — дур ууыл суади. Сылгоймаг сæм иу дзагъул фæкодта æмæ йæ къахдзæф фæцыдæр. Мæццийы хъустæ исдуг æнахуыр зæлланг нылластой, цасдæр æдзынæг кæсгæйæ аззад æмæ сдзырдта: — Уый у! Иуæхсæв ыл куы фæкалди, уæддæр дзы раст ахæм уынæр- гъын сыхъуысти. Диссаг та йæм уый фæкасти æмæ, ныр цы ’рцыди, уый дæр та бынтон æнæнхъæлæджы кæй рауади. — Уый у! — дзырдта Мæцци Гарцомæ. — Гъер æй дæхи цæстытæй^уыныс. — Кæй — уынын? — Дзæбæх ма йæм æркæс, — цæхæрадæтты дæлæрдæм тындзæгмæ ацамыдта Мæцци. — Нæ сыхы устытæй никæй хуызæн у... — Ницы бафиппайдтай. Дур йæ сæрыл суад, уый нæ бам- бæрстай? Удаистæй куыд астъæлфыд, афтæ йæ хæлафы фадыг фæдæле йæ къабайæ. Фадыг сыссыфта æмæ лидзгæ. — Газацце у?! — сирвæзти Гарцойы дзыхæй. 20
—- Йæ гаруз куыд дæлиау конд у, уымæ кæсыс? Дæлæ æмных цæхæрадæтты арæнмæ йæхи байста æмæ хъæуы, бынырдæм фæуырдыг кодта. — Бигъа мæм, хæрзаг,,мæстæй хæлы мæ фæдыл зилы, зæгъгæ. Къæппæджы куы бахауа, уæд æнхъæлдзæн: мæнæй уый йæ ба- нымыгъта. Фæсмын гарузджын æнæвдæлон къахдзæфтæ кæнгæ йæхи байста Гарцоты цæхæрадонмæ, фысты къорды раз алæууыд цасдæр æмæ фæстæмæ арæны бæлæсты аууонмæ æрбаздæхт, цæмæдæр-иу æргуыбыр кодта. — Къæцæлтæ цыма уидзы, — загъта Гарцо. — Ам цыдæр ис... — Кæд лыгъд лæгтыл цуангæнджытæ фæзындысты, — загъта Мæцци. — Афоныл æм фæхабар кодтой æмæ йæхи райста. — Мæцци цасдæр хъусæй алæууыд, стæй афтæ ба- кодта: — Замманайы фадат мын фæци, ныртæккæ дзы мæ худ æрдомдзынæн. — Дæ худ дын куыд хъуамæ радта? Уæд йæхи нæ рахъæр кæндзæн? — Куынæ йын æй радтон, уæд мын æвзæрдæр уыдзæн, зæгъгæ, хъуамæ ахъуыды кæна. — Трофей демæ хæссыс? — афарста Гарцо. — Уæд та дæм фæлæбурдта? Лæбурынтыл ма у, йæ уд йæ къахыфындзæй агæпп ластаид. Мæцци комкоммæ ацыди фæсмын гарузджынмæ. Цæхæрадæтты иугай стуртæ хызтысты, бырынкъджынтæ зæхх фæйлыдтой, дыууæ раны — фысты къордтæ. Гарузджы- нæй дарддæр дзы адæймаг змæлæг нæ зынди. Гарцо фиппайдта. Мæцци æнæкъуызгæ къахдзæфтæй куыд тагъд уади, уый æмæ та йæм бахæлæг кодта — тæппуды æу- уæлтæй æппындæр ницы ’равдыста. Йæ мидзæрдæйы йемæ кæддæрты нал фæразы кæны, фæлæ йын цæлхдур сæвæра, уыцы ныфс æм нæ разыны. Уæд, æвæдза, тæппуды бынаты сæвæрид Гарцо йæхи æмæ йыл Мæццийы зæрдæ фæхудид. Ныккатæй кодта Гарцо: ныртæккæ гарузджын бафиппайдзæн, Мæцци йæм лæбурæгау кæй фæкæны. Йæ бигъа зонд ыл куы фæтых уа æмæ йын исты фыдбылыз куы сараза. Бигъамæ Цæвæнгарз æнæмæнг уыдзæн. Газаццеты хæдзарырдыгæй рахъæрчынди: — Мæцци! Мæццийы^эдæм згъордта Газаццейы’хо Уæги, уыди бæгъæмсар. Йæ къахфындзтыл конд дзабыртæ йæ къæхтæй атахтысты. 21
— Мæцци, фæлæуу-ма! — ахъæр та кодта Уæги. Мæцци йæм куы фæкасти, уæд йæ къух фæхъил кодта æмæ йæм февдыста хъусджынхуд! —Мæнæ диссæгтæ!—хъæрæй сдзырдта Гарцо, ныдздзагъыр- дзаст. Фыдбылызæй ницы æрцæудзæн, уый йæ бауырныдта æмæ йæ тарст зæрдæ æрсабыр. Гарузджын хъæуыбынырдæм атындзыдта, ныр зæхмæ арæх нал гуыбыр кодта. Сылгоймагыл чи нæ фидауы, ахæм фидар æмæ даргъ уыдысты йæ къахдзæфтæ. "Æцæгæй дæр, йæ уд йæ къахыфындзæй агæпп ласта æмæ йæхи нал æмбары, — йæ-цæст нал иста гарузджынæй Гарцо. — Ныр Мæццийæ мæстытæ исын байдайдзæн, гъе!" 4. Дысон уæлæсыхаг лæппу Салæг Гарцотæм хæрзæггурæггаг æрызгъордта. Дæ фыд Гадзыма æмæ, дам, мæ фыд Беци сты, Арфададжыхъæуы чи æрæнцад, уыцы хæстонтимæ. Хæстмæ сæ иу бон акодтой, иу æфсæддон хаймæ бахаудтой æмæ. нал фæхицæн сты. Фæстаг рæстæг сæ хабар нал цыди æмæ дын мæнæ ныр æмбисондæн хæссинаг хабар! Дæ бæлццонæн арвы кæрон æнхъæл у æмæ æнæнхъæлæджы дæ фындзы бын фе- гуырæд! Уырыхъæуæй Арфадагмæ — фараст километры. Бæлццæтты уынынмæ бинонтæ сегас дæр бац^бæл сты. Сæрдар уæрдон радта Бецийы бинойнаг Гыдайæн, æмæ дзы уыдон æгас бинонтæй бабадтысты. Бынат ма дзы разынди Гарцойы мад Ануса æмæ фыдымад Госсохæн. Салæг бæхы рохтæ йæ къухмæ куы райста, уæд йæхицæй афтæ ныббуц, цыма, хæсты размæ колхозы цы машинæ уыди, уый рулыл æрхæцыд. Госсох Гар- цойæн зæрдæтæ авæрдта: уым ма фæстиат кæндзысты æмæ та йæм суайдзыстæм, ацы хатт ды æнæмæнг ацæудзынæ. Гарцо уæрдоны фæдыл касти æмæ хъуыдытæ кодта: "Мæцци Салæджы бынаты ахæм æнæрхъуыды нæ разындаид. Загътаид: бæхтæрæджы бынаты радыгай баддзыстæм". Гарцо уæрдоны фæдыл касти æмæ йæхицæн дзырдта: "Мæ бынаты Мæцци ардыгæй-ардæм йæ фыды æнæфенгæ нæ фæуа- ид. Искæй бæх адавид æмæ сæ разæй уым балæууид". Цæхгæрмæ уынджы азгъордта Гарцо, дæргъмæ уынджы фæхæрд кодта æмæ хъæуысæрмæ атындзыдта. Хъæуæй ахыз- ти. Асæрды ам танкуромæн фидар аразджытæ Кæрæфдоны былтæ æмдзæхгæр ныкъкъахтой. Бынмæ ныггæпп кодта æмæ уыртыл ацыди. Йæ хæцъилдзабырты хуыдзарм уæфстæ баих- сыдысты æмæ йын тигъджын дуртæ йæ къахбынтæ лыг кодтой. 22
Хъæуæй дзæвгар уæлдæрмæ схæццæ танкуромæн фидар. Дарддæр æртæ рæгъæй кæрæдзимæ дæрддзæф сагъд лæгбæрзæндæн цæджындзтыл сындзтел афтæ арæх æмæ суйтæ- тыгъд ныккодтой, æмæ йæ сæрты ахизæн дæр нæ уыди, йæ бынты абырæн дæр. Сындзтелын фидарæй танкуромæны æхсæн уæлбылмæ — мынæгбæрæг къахвæндаг. Уæлбылæй аивæй ака- сти Гарцо. Уæрдон афтæ хæстæг разынди, æмæ раст йæ Гыц- цайы аивæй морæ кæсæмер кæлмæрзæн дæр раиртæста. Сындз- телын фидары æддеты — минæтæ æвæрд æрцыди æмæ дзы ац- æуæн нал уыди. Банхъæлмæ касти, æмæ уæрдон уалæ кæркми- сындзæджы къохы аууон куы фæци, уæд уæлбылмæ схызти. Йæ цъупхуд фелвæста, бахызти уæрдонвæндагмæ. Цадæг къахдзæфтæй цанæбæрæг ауадаид, афтæ йæ згъорынмондаг фæцагайдта. Ерысоны згъорд нæ акодта, уæд цыма цыдæр тагæй фæстæмæ баст æрцæуы. Уыцы таг фæивæзы, æмæ йæ нал-фæ- уырны, искуы аскъуындзæни, уый, улæфт æм нал вæййы. Мæнæ ныр згъордта, фæлæ уыцы зын ивазæн таг фæци йæ разæй æмæ йæ рогæн скъæфта, æрмæстдæр дæ хъус дар, иу къахистæй иннæйы æхсæн дæ улæфт куыннæ фæкъуыза, уымæ. Иу рæстæджы Гарцо айхъуыста, кæуыл фæцахуыр, уыцы "дуу-дуу!- дуу!" Исдуг æй ницæмæ æрдардта, скæсинаг дæр æм нæ уыди, фæлæ, знаджы фæлгæтхуыз хæдтæхæг Арфададжырдыгæй кæй æрцæйхæстæг кодта, уый куы фæхъуыды кодта, уæд æрсындæг йæ къахдзæф æмæ йæм скасти. Тæнæгзæрст фæскъау цъæх мигътæй йæм цыма уазал æркалди. Хæдтæхæг-иу фæзынди æмæ та-иу мигъты аууон фæци. Хъæды рагъæй райхъуыти сарма- дзаны нæрын. Азæлд-иу куы бæрзондæй райхъуысти, куы ныллæгдæр ранæй. Нæхиуæттæ йæм хъавынц, уый бамбæрста. Уæлацкæ æмæ Блуйы æвæрæн бон дзырдтой: Кæсæджы зæххыл хъæдбынты цы фистæг æфсæддонтæ тындзыдтой ацырдæм, уыдоны дæр ацы цуангæнæг бафиппайдта. Нæ хæстонтæ се ’хсæв Уырыхъæумæ хастой, фæлæ сын нал бан- тыст — немыцаг бомбæппарæг хæдтæхджытæ сæ сæрмæ фе- гуырдысты, нæмыг дæр сыл згъæлдтой, бомбæтæ дæр сыл калд- той. "Рамæ"-йы уынæр куы нал хъуыста Гарцо, уæд та азгъорд- та. Ныр йæ хъуыдытæ иууылдæр аивылдысты Арфададжыхъæу- мæ. Бафæндыди йæ, йæ фыды куы ауына, уыцы уысм цы цин бавзардзæн, уый рагацау банкъарын. Уыцы цин рагацау æвза- рын куы байдайа, уæд хæхты бæрзондмæ цæуæг фæндаджы Уæз нал банкъардзæн. Йæ фыдимæ фембæлдæн цы æмгъуыд кодта, уый йæм ныр фæкасти æгæр дард, бынтон æддоз æмæ 23
йæ хъуыдыты скарста: хъуамæ уæрдоны разæй фæуа. Фыды’ цæстыты рухсмæ йын куыд зын кæсæн уыдзæн, нæ йæм уæнддзæн комкоммæ кæсын, фæлæ йæм иу каст куы бафæра- за, уæд æм йæ арвау парахат цæстытæй ракæлдзæн цардыдæр- гъы ахадæг рухс. Уæрдоны разæй куыд фæуыдзæн, уый æнцонæй бахынцта. Уагъылы, тырты æмæ дурвæткъуыйы къутæртæ кæм сарæх сты, фæндаг уымыты акъæдз-мæдз вæййы, гакъон-макъон донвæд- ты иувæрсты, Гарцо къутæрты аууæтты ауайдзæн сæ иувæрсты æмæ аразæй уыдзæн, сызгъордзæн быгъдæджы, хъæдбыны фæмидæг уыдзæн, æмæ йыл сæ цæст нал æрхæцдзæн. Гарцо уæрдон фæсте куы фæуагъта, уæд та йæ зæрдæ ах- сайдта йæ фыдмæ. Цоты хистæр у Гарцо æмæ йæ чысылæй фæбуц кодтой. Кæрæфдонмæ йæ зымæг дæр нæ уагътой, сæрд дæр. Йæ фыдыфсымæр бæхджын æфсады службæ кодта. Сæхимæ фæзынди сусæны мæй. Иуахæмы йæ Кæрæфдонмæ йемæ ахуыдта хи найынмæ. Фыдыфсымæр малы уæлцъарыл уæлгоммæ хуыссыди, Гарцо — йæ гуыбыныл. Ленк кæнын дæр ын бацамыдта. Фыд ын саст сугтæ хæссын дæр нæ уагъта, фыдыфсымæр Гарцойæн каникулты рæстæг бæх йæхицæн сифтындзын кодта. Скъолайы фæлварæн дæттæгау æм фæкасти. Бæхы сæрыл ха- мут куыд зынтæй æрлæсти! Уæззау рæтæнæгъдтæ хæрдмæ сис, иу къухæй сæ бауром, иннæ къухæй бæхы рохтыл хæц, сыдз- мыдзы йæ бацæуын кæн рæтæнæгъдты æхсæнмæ, хамуты гæрзытæ рæтæнæгъдты хуынчъыты алас... Фæндаг Кæрæфдоны сæрты хидыл кæм ахизы, Гарцо уырдæм схæццæ. Уырдыгæй Арфадагмæ километр æмæ æрдæгæй фылдæр нал уыдаид. Гарцо зыдта: хъæумæ йæ тагъддæр схæццæ кæндзæн, доны галиу былгæрæтты цы къахвæндаг сфардæг, уьг*. Фæраст уыдаид, фæлæ дойныйæ йæ ком ныххус æмæ хиды уæле доны былмæ н ыууырдыг кодта. Былгæрон дæлгоммæ ных- хуыссыд, йæ былтæ фыцгæ уылæныл куыд аныдзæвой, афтæ йæ къубал ныйивæзта. Цъитиуазал донæй йæ зæрдæйы фæнди- аг цалдæр зыд ныхъуырды скодта, æмæ йæ къæмисæнтыл сæ уазал сæмбæлди. Аулæфон уал æмæ та дзы аназдзынæн, зæгъгæ, йæ сæрыл куыд схæцыди, афтæ, цыма йыл, уæлæ хæхтæ арвыл кæм сæмбæлдысты, уырдыгæй къæдзæхы фæзгъæртæ ракалды- сты, уыйау удаистæй йæ къæхтыл алæууыд. Æмæ ауыдта: йæ хæдсæрты, хидыл йæхи сцæйкъуырдта, афтæ ныллæджыты ниу- гæ-ниуын фæуæле немыцаг хæдтæхæг, дон-дон сфардæг хъæ- уырдæм. Йе ’муд нæма æрцыди лæппу, афтæ та йыл дыккаг 24
къæдзæх дæр ракалди: дыккаг хæдтæхæг, дæр афардæг фыц- цаджы фæдыл. Гарцо уæлбылмæ куы сызгъордта, уæд фе- гуырди йæ сæрмæ æртыккаг хæдтæхæг. Уæлацкæ æмæ Блу куы фесæфтысты, уыцы æхсæв дæр бомбæппарæг хъæрццыгъатæ раст афтæ ниугæ-уыраугæ фæзындысты Арфададжыхъæуы сæрмæ. Гарцо куыд æнхъæл уыди, фыццаг бомбæ уымæй æввахсдæр ран æрхауд — æнхъæлдæн, æмæ уæлæ кæройнаг хæдзæрттæй кæцыдæр йæ амæддаг баци. Дыккаг бомбæйы срæмыгъд ыл бафтыдта ноджы стырдæр удаист. Срæмыгъды азæлд арвгæ- ронмæ куы ауылæн кодта, уæд ма айхъуыста æндæр уынæртæ дæр. Уый нæмыгызгъалæнтæ бынæй уæлæмæ хъæрццыгъаты мысанæн агуырдтой. Уыдон æртæйæ дæр хъæуæй ахызтысты æмæ хъæдрæбынты рахизырдæм сæхи айстой. Дардæй-дарддæр кодтой, æмæ Гарцо æнхъæлдта, фаг фыдбылызтæ ракодтой æмæ нал раздæхдзысты. Зæхх йæ къæхты бын банкъардта æмæ хъæ- уырдæм фæтъæбæртт ласта къахвæндагыл. Хæстон хайæн штаб вæййы, уый зыдта, уырдæм бацæудзæн æмæ йæ фыды баца- гурдзæн. Фæлæ йе ’хсызгон хъуыдытæ æваст фескъуыдысты — æрдæбæны бомбæппарджыты уынæр нырма ныгуылæнырдыгæй хъуысти, афтæ йæ хæдсæрты ниугæ-уыраугæ фæуæле сты æндæр æртæ æфсæн хъæрццыгъайы. Уайтæккæ бæлæсты аууон фесты, æмæ сыл йæ цæст нал æрхæцыд. Иу бомбæйы срæмыгъдæй иннæйы æхсæн цы рæстæг рауади, уымæн уыди цæстыфæныкъ- уылдæй сбарæн. Зæхх афтæ æнкъуысти, æмæ йыл бомбæйы схъис куынæ уайа, уæддæр ыл кæцыдæр бæлас ныффæлдæхдзæн, ныссæнддзæн æй... Гарцо иу рæстæджы фембæрста — бомбæтæ хъæуыл нал хаудысты, фæлæ йæ ракомкоммæ хъæды рагъыл. Æфсæн хъæрццыгъатæ æртыккаг уылæн дæр æрбакодтой. Ныр сæхи систой Гарцойæ уæлдæрты. Хъæрццыгъатыл цуангæнджытæ хъæдæй кæй æхстой, уый куы раиртæста лæппу, уæд бамбæр- ста, нæ хæстонтæн ахæм хъæуы фæлæууæн кæй нал уыдаид æмæ хъæдмæ кæй ныххæррæтт ластаиккой. Гарцо хъæды фахсыл схæрд кодта; Пæлæхсар бæлæстæ фæбæгънæг сты, фæлæ ма уæддæр сæ быны сæр фæцæвæн уыди. Уалынмæ йæ цæст бафиппайдта, йæ сыфтæр кæмæн нæма аз- гъæлди, ахæм бæлæстæ дæр ма дзы кæй уыди. Кæцыдæр уысм бæласы уæззау цонг йæ тæккæ раз сæмбæлд æмæ йæ йæ Цъаехснаг хихтæй æрцавта. Нæмыг адзæнгæл ласта къалиуы, Уый фембæрста лæппу æмæ бадис кодта: нæдæр йæ къæрцц фаецыд, нæдæр нæмыджы æхситт раиртæста... Ныр уæллæгтæ 25
бомбæтæ нал æппæрстой — нæмыг згъалын райдыдтой. — А это еще что за птица?! — айхъуыста хæрзæввахсæй лæппу æмæ ауыдта, гуыбырзæнг бæласы бынæй йæм йæ къухтæ кæй тилы салдат. — Мальчик, беги сюда! Гарцо йæхи нымадæй æгæр рæвдз дæр ма’уади, уæддæр ыл уый ноджы хъæрдæрæй фæтъæлланг ласта: — Живей, черт возьми! Салдаты хъусджынхуд уыди зыгъуыммæ конд, йæ батинкæтæ æмæ йæ къахтухæнтæ — цъыфæйдзæгтæ, йæ ныхыл æрлæсæн кодта чъизи хид. — Что ты здесь торчишь, чертенок?! — йæ цуры куы æрбад- ти, уæд та афарста салдат. Гарцойы ныронг никума бахъуыди уырыссагимæ дзурын. Хъæуы сæм уырыссæгтæ цæры æмæ уыдон се ’гасдæр кæстæрæй, хистæрæй иронау дзурыныл архайдтой. Æдæрсгæ дзуапп дæттын йæ бон цыма нæ бауыдзæн, афтæ йæм касти æмæ фæтыхсти. — Ты глухой? — йæ хъусмæ ацамыдта салдат. — Нет. — Ты заблудился? Не найдешь дорогу? — Нет. — Других слов не знаешь?.. Кого ищешь? — Атец мой шалдат. Я искаю его. — А ты сам кабардинец, осетинец? — Асатин. — А кто сказал тебе, что отец твой здесь? — Адин чалавик пришол наше село, сказал: твой атец там, Арфадаг. — Где, где, говоришь? — Это село Арфадаг, — ацамыдта хъæумæ Гарцо. — Как фамилия? Как отца звать? — Наша имя его есть Гадзыма, русски имя — Харитон. А фамиля — Саударов. — Нет, такого не знаю. Сæ ныхас фескъуыди, нæмыгзгъалгæ та сыл йæхи рауагъта немыцаг хæдтæхæг. Салдат Гарцойы бæласы зæнджы бынмæ æрбаскъæфта, æрхуыссын æй кодта, æрныллæг ис йæхæдæг дæр. Салдат уыдаид йæ фыды карæн, æвæццæгæн, амæн дæр йæ цахъхъæн фырт ис æмæ йыл фæмæт кæны, æдзух æй мысы. — А где ты живешь? .Отсюда далеко твое село? ’ — Вон туда, — сæ хъæуырдæм ацамыдта Гарцо. — Туда семь километр ест. — Так вон оно как — твой отец очутился у самого порога 26
своего дома. Тут недолго и соблаазниться, махнуть на все ру- кой и — тью-тью, домой! Салдаты фæстаг ныхæстæ дзæбæх нæ бамбæрста æмæ йын цы дзуапп радтаид. — Так ты не допускаешь, что отец твой не мог дезертиро- вать? — афарста салдат. — Нет! Мой отец дезертир нет! — сбустæ кодта Гарцо. Йæ фыд сылгоймаджы къабайы бабыра, йæхи адæммæ мауал æвдиса, уыцы хъуыды йæм ахæм æнахъинон фæкасти, ахæм æмæ рамæ- сты. — Не дезертир мой отец, нет, нет! — Ты не обижайся, мальчик, — загъта салдат. — Так гово- рю, потому что в дерьмовой ситуации оказались... Немыцы хъæрццыгъатæ сæхи айстой уартæ кæсгон хъæу- ырдæм, сæ гуыр-гуыр мынæгæй-мынæгдæр кодта, æмæ Гарцо фестади. Ты хочешь искать отца? — бафарста салдат. -Да. — Иди со мной. Вот вернутся все на позиции, и там его легче будет искать. Фахсыл æруырдыг кодтой. Æрæййæфтой æртæ салдаты. Ас- тæуккаг йæ цæнгтæ æруагъта йæ фæйнæфарс цæуджыты уæх- счытыл, йæ къах зæбулæй хаста. Хæстонтæ æмбырд кодтой, хъæуæй доны ’хсæн цы цæхæрадæттæ уыди, уымыты. Æнæкъахт картоф ныннадтой. Иу ранмæ хастой цæфты. Сынтытыл кæй хастой, уыдонæн-иу Гарцо раздæр сæ цæсгæмттæ ауыныныл архайдта. Хъæрзгæ чи нæ кодта, уыдонмæ йæ хъус тынгдæр дардта, базмæлы ма æви нал, зæгъгæ. Йæ зонгæ салдат дæр æдзынæг касти хъæдæй здæхджытæм. Йæ нымадæй кавказаджы хуызæн чи уыди, ахæмтæм ын-иу ацамыдта: — Вон смотри, тоже черномазый. Мæнæ сынтыл æрбахастой цинелæй æмбæрзт салдаты. Гар- цойы риу судзаг рисæй айдзаг. Йæ фыд рог цæф фæуыдзæн, уæдæй нырмæ йæм ахæм хъуыды дæр нæ фæзынди, уымæн æмæ, йæ фыды кæд ауындзæн, уыцы уысм æм æввахсæй-æввахсдæр кодта. Салдат Гарцойы сынты цурмæ бакодта, цинелы фæдджи- йыл схæцыд. Йæ фыд кæй нæу, уый базоныны фаг цъусдуг æм касти, стæй йæ сæр иуварс фæзылдта, уæддæр бафип- пайдта, куырм дæр æнæ ауынгæ кæй нæ фæуыдаид... Хъоппæ- ггом цæстытæ... удаист тас æндзыгæй баззади цæстыты гагуы- ты... 27
Хъæдæй цасдæр рæстæг ничиуал цыди, æмæ лæппуйы иу хъуыды фæцагайдта: "Кæд ма дзы æнæбон цæфтæй исчи базза- ди, кæд æххуысмæ æнхъæлмæ кæсынц...» — Я много не стоять, — загъта Гарцо. — Я отца поискаю. — Иди, только не заблудись, — загъта салдат. Къахвæндагыл уырдыджы хидырдæм цадæггай цыди Гарцо. Йæ каст — хъæды пыхсбынтæм, лæугæ дæр-иу æркодта, бай- хъуыста-иу. Йæ фыдыл исты фыдбылыз æрцæудзæн, уыцы хъуы- ды йæхимæ æмгæрон дæр нæ уагъта. Бецийæн, Салæджы фыдæн дæр, нæ тарсти йæ мидхъуыдыты. Уыцы салдаты ныхæстæ дзы æппын нал рох кодтой, дæ фыд, дам, кæд уæхимæ алыгъди. Уыцы хъуыдытæ йыл бынтондæр сагъуыдаиккой, фæлæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты уæрдоны бадджытæ, йæ нана, йæ мад, Бецийы бинонтæ... Йæ ныхмæ сцæйзгъорæг салдаты дæрддзæфмæ ауыдта’Гар- цо, йæ зæрдæ ныццæлхъытæ кодта æмæ æрлæууыди. Хæстоны рахиз уæхсчы сæрты касти топпы хæтæл, йæ бæмбæджджыны тæрттæ — гом, йе ’ккойы — йæ хызын, йæ худ — йæ къухы. Гарцо къахвæндагæй иуварс ахызти — салдаты ма бакъуылым- пы кæна. "Афæрсон æй? Æмæ йæ куыд ’фæуромдзынæн, æппындæр æй куынæ æвдæлы?" — хъуыдытæ кодта Гарцо. Ацы салдатæн дæр йæ цæсгом ныссатæгсау, уый дардмæ дæр ба- фиппайдта. Салдат æрлæууыди, йæ худ йæ къухæй æрхауд. — Лæппу! — сонт улæфтимæ сирвæзти салдатæй. — Гама! — йæхи йæм баппæрста Гарцо, йæ цæнгтæ бæмбæджджыны бын фæцавтаид, фæлæ йæ зæххæй фелвæста фыд. Лæппу йын йæ хъуырыл атыхта йæ цæнгтæ,^рус русыл аныхæст, цыргъ хихтæ йæ æхсызгон агайд кодтой. Йæ цъупхуд йæ сæрæй ахауд. Лæппу йæ сæр фыды дæллагхъуыры фæцавта. Хæстонæн йæ цинæмхæццæ цæссыгтæ æруадысты йæ русыл. Гарцо æвзæрста, цыфæндыйæ дæр рагацау базонæн кæмæн нæ уыди, ахæм адджын цин. Зыдта йæ, ам нæ, фæлæ сæ кæрты куы фембæлдаиккой, уæд фыд ныцъцъист, ныммынæг кодтаид йæ цин, йæ цæстытæ йæм иунæг æвдыст фæкодтаид, ома дæхи мæм æгæр æввахс ма лас. Йæ фыд афтæ цин кæнын зоны, уый æнхъæл никæд уыди Гарцо. Фыд лæппуйы æруагъта зæхмæ æмæ йæ фæдисоны фарст акодта: 1 — Иунæг дæ? — О. — Хъæуæй ничи рацыди? — Уæрдоны мын бынат нæ рызынд æмæ сæ разæй фæдæн. 28
— Уыцы хъуыргъуындæджы рæстæг ам уыдтæ? — хæстонтæ сæ сæртæ кæм æфснайдтой, уыцы рæттæм хъæдмæ ацамыдта сЬыд. Лæппу йæ сæр батылдта. ^ -О. — Табу Хуыцауæн! Хомбыл лæппу нал дæ, бæстæ судзы, дæхи хъахъхъæн. — Ам ма уыдзыстут? — афарста Гарцо. — Ам нал... Æрæджыгæнæн нæй... Мемæ цасдæр суай... фыд тындзгæ цыдæй уади, фырт сæппæй згъордта. — Бецийы дæр федтон, — загъта лæппу. — Хъæдбынты ныйиугæйттæ стæм... — Уый хъæумæ?.. — Гарпойы ныхас фескъуыди, "алыгъди" зæгъын йæ зæрдæ на^ бакуымдта. — Цыдæр хæррæгътæ йæм радтон... Дæуæн — худ, хæдон, хæлаф — мидæггæгтæ, сæкæры цалдæр къæртты... Фендзыстут сæ... — Æмæ Беци нæ тæрсы, куы йын байрæджы уа... — Лæппу! — Фыд фæлæууыд, йæ сæр ын йæ армæй æрсæрфта. — Лæппу, ме ’гуыдзæгыл, мæ мæгуирады уавæрыл дын басæттон. Мæ зонд фæкуыддæртæ... Уæле ныл куы ’ркалд- той; хъæдмæ куы баирвæзтыстæм, уæд Беци афтæ: "Нæ адæм æввахс кæмдæр сты, сæ размæ тындзæм, уыдон ардæм нал фæхæццæ уыдзысты". Нызгъордтам дæлæ кæй онгты æмæ ницы. Æрлæууыдтæн, зæгъын, фæстæмæ здæхын хъæуы. Уый афтæ: "Здæхинаг нал дæн". Йæ фæдыл азгъордтон, стæй мæ гуырыс- хо фæцагайдта. Хъуыддæгтæ куыд æрзилдзысты, иунæг Хуы- цау сæ зонæг, ныккæндæй мæ мæрдон фæлурс цæсгомæй куы сласой... Хъысмæтæй лидзæн нæй... — йæ сæр ын йæ хъæбысы æрбакодта, йæ рустæ йын сæрфта йæ хъарм æрмттæй. — Мау- ал сæ-иу рауадз райсом, нал нæ сæййафдзысты. Хуыцауы уазæг ут. Лæджы бынаты балæууыдтæ æмæ сæртæг митæ ныууадз. Дзæбæх æрталынг, уæд Гарцо айхъуыста бæхы къæхты тъы- бар-тъыбур. Исдуг ахъуыды кодта: "Мæхи йæм ма равдисон". Фæлæ барæг куы афардæг уа, уæд йæ тæппудыл æргом басæтдзæн æмæ йæхи кæй хæрдзæн, уый рагацау æнкъардта. ^арæг разынд Мæцци. Æмæ куыд ныццин кодта, йæ иузæрди- °иДæр ын йæ тæппуд кæй нæ базыдта, йæхи кæй нæ бааууон к°дта, ууыл! Æргæпп кодта барæг йæ бæхæй æмæ уал фæрсæй- Н)аерстæм цыдысты. — Асæгойы бæх давгæ ма ракæн! — афарста Гарцо. 29
— Колхозы дуармæ бастæй лæууыд... — Къупыр æмæ дæ Зыкъуырæн аласын кæндзæн. — Быдзыгойы хабар куыд рауад, уый æрдæбон базыдто! Къамис æй раздæхтой, дæ кар, дам, нæ амоны. Уый бавдæ^ æмæ хæстонты ласæг поезды бабадти. Иутæ загътой: Ростов! уыцы поездыл бомбæтæ æркалдтой. Иннæтæ загътой: Мин водæй нæ ахæццæ поезд... 1 — Хабархæссæджы чи федта? 1 — Хабæрттæ фæцæуынц районмæ, уырдыгæй Петырмæ æм| уымæ ахæмæй ницыма æрбайхъуысти... 1 — Уæрдоны чи бадти, уыдон — нанаитæ дзæбæхæй ныхæцц! сты? — афарста Гарцо. — Цæмæн фæфæдис дæ? ] — Арфадагыл бомбæтæ куы æркалдтой, уæд адон уæрдо] фæуагътой æмæ аууæттæм алыгъдысты. Сæ бæх фæстæмæ ра фардæг. Бомбæты нæрынæй кæд фæтарст — хъæуы афтидæ! æрбалæууыд. Æз ацы бæхыл фæхæст дæн æмæ ардæм фæдæн Дæлæ сæ æввахс сæййæфтон. Ды семæ нæ дæ, уый нæ зыдтон.] Гамайы федтай?.. ] — Федтон. ’ — Салæг дæм куыд хæлæг кæндзæн! Райсом ма сын бæ: ратдзысты? — Гама мын фæдзæхста, райсом, дам, макæйуал рауадз аизæр азмæлдзысты. Бомбæтæ сыл фæкалдтой æмæ сын æвæццæгæн, ам лæууæн нал ис... ! — Уæдæ дæм Салæг куыд тынг хæлæг кæндзæн!.. Уæвгæ æ: дæр... ^ — Йæ фыды ахсæв фендзæн, афонмæ сæ хæдзары хъар^ хъæрмхуыпп сыллыпп кæны... ’ — Беци кæд не скъæсхуыр ис, уæд ын Гыдæйы къаб’а йа тæккæ аккаг уыдзæн... I 5. Гарцо нæ бафиппайдта, сæ бинонтæй чи кæдæм ауади, уы| дæр. Хæдзары куыстытæй цыдæртæ йæхимæ кæй кæсынц, уы| дæр дзы æрбайрох. Йæ зæрдæбындæр хъуыдыты ахæсты т] бахауди. Иæ хъуыдытæ та ивылдысты сæ сыхæгты чыз] Зæтинæмæ. 1 Зæтинæ астæуæй, йæ фæйнæфæрсты Гарцо æмæ Мæцци • æдзух афтæмæй цыдысты скъоламæ, фæсурокты здæхтыстн хъæумæ. Урочы рæстæг ын-иу чысыл æфсон фæуæд А Зæтинæмæ-иу æнæ фæкæсгæ нæ фæци, уæдæ йыл ам, сыхн дæр, бон йæ цæст цал æмæ цал хатты æрхæцы. Нагъ, чызджь) 30
ауьшын æгъгъæд нал касти Гарцомæ, æндæр бæллиц æй агайд- та. Уавæртæ хъуамæ афтæ рауадаиккой, æмæ Зæтинæимæ æнæнхъæлæджы ахæм ран фегуырдаиккой, иу зонгæйы цæст сыл кæм ’рхæцыдаид. Уыцы бæллиц цы хуызы хъуамæ сæххæст уыдаид, уый дзæбæх нæ хатыдта Гарцо. Æниу ахæм ран фемб- æлдысты, уæд та цы? Ныссуйтæ уаид. Гоби æмæ къуыттыйæ баззаид. Гарцойы зæрдыл æрбалæууыд Зæтинæйы æфсымæр Цæрæг, æмæ уæд йæ мидхъуырдухæнтæй фервæзти лæппу. Гарцо не ’фсæсти Цæрæгмæ хъусынæй. Йе ’фсæддон дарæстæ æнахуыр аехсызгон тæф кодтой. Зæтинæтæм Цæрæджы ауынынмæ цы æфсонæй ныууайа, уый-иу агуырдта. Иу ахæм тыхст рæстæг дын æй Цæрæг йæхæдæг куы бацагурид. Йе уæхскыл ын йæ къух æрæвæрдта æмæ йæ сæ цæхæрадонмæ ахуыдта, фæткъуы- тæ йын æртыдта æмæ йæ бафарста: "Хъæуысæр Бульвары уын- джы æртæ гæдыбæласы кæй дуармæ ис, уыдоны зоныс?" "Зо- нын, — загъта Гарцо. — Сæ чызг ахуыргæнæг у". "Йæ ном дæр ын зоныс?" — афарста та Цæрæг. Гарцо: "Кæлимæт". Цæрæг йæ дзыппæй систа къонверт, загъта: "Кæлимæтмæ-иу æй ратт. Бацархай, цæмæй йыл иунæгæй фæхæст уай. Куы йæ айса, уæд ын-иу зæгъ: "Дæ дзуапп дæр дын æз сæмбæлын кæндзынæн". Гарцо Кæлимæтыл фæхæст ис æртыккаг бон, скъолайæ иунæгæй рацæйцыд. Фыстæг æм авæрдта. Чызг æй касти, æмæ йæ цæсгом сырххъулæттæ кодта, йæ цъындакофтæйы дысæй райста сырх æндахæй нывæфтыдкæронджын фындзыкæлмæрзæн, йæ ных дзы сæрфта, аныхæста-иу æй йæ фындзы рагъыл, "Ды дæр сæ ба- кастæ?! — сбустæ кодта лæппуйыл Кæлимæт. — Æмæ дзы цытæ бамбæрстай?" Гарцо бахъуыр-хъуыр кодта: "Æмæ æз исты цы- мыдис дæн?" Чызг ницæмæуал арæхсти: "Нагъ, нагъ... Афтæ куыддæр... Ницы, ницы"... "Дзуапп мæнмæ дæттын хъæудзæн", — загъта лæппу. "Уый дзы нал хъæуы. — Кæлимæт гæххæтты сыф атыхта æмæ йæ лæугæ фæуагъта. Гарцо Цæрæгæн афæз- мыдта Кæлимæты ныхæстæ, уый фыстæг йæ дзыппы сæвæрдта æмæ загъта: "Омæ хорз. Райсом скъолайæ куы æрцæуай, уæд та нæм-иу æруай". Лæппу сæмбæлын кодта Кæлимæтыл Цæрæджы дыккаг фыстæг дæр. "Цæмæ ма дæ æрбарвыста?! — сбустæ та йыл кодта чызг, фыстæг лыстæг скъуыдтæ ныккодта ^мæ сæ къанаумæ ныппæрста. — Мауал мæм-иу æрбацу, бам- багрстай?!" Уый фæстæ хъæуæй ацыди Цæрæг. Уайтагъдæр хæст рай- АыдТа. Гарцо йæ мидхъуырдухæнтæй куы бафæллад, уæд джихæй 31
аззади: ныр уый дæр Зæтинæмæ фыстæг куыныффыссид æмаа искæмæн куы бафæдзæхсид, сæмбæлын æй кæн, зæгъгæ! Фæ| хъуыды кодта, фæлæ кæуыл баууæндид, ахæм адæймаг нæ ра| зынди йе ’мгæртты æхсæн дæр, кæстæртæй дæр. 1 Рухс цасфæнды фембæхс — искуы искæцы зыхъхъырæй ра| ирвæздзæн. Ракалдысты Гарцойы æмбæхст зæгъинæгтæ дæд Лæгъз гæххæттыл баууæндыди, йæ сусæггаг хъуыдытæ уырдæм фæхаста. Слæууыди Гарцо æмæ гæххæттæй йæ цæст атонын нал куымдта. Рæнхъытыл цæстытæ згъордтой, дзурын ниць! хъуыди, рæнхъытæ азæлыдысты æмæ йын дзы бафсис кæй ная уыдзæн, уый æмбæрста. Зæтинæ, Зæтинæ, дæуимæ Куы дзуры мæ зæрдæ. Кæд мыл сæмбæлдзысты Дæ сусæг лæвæрттæ? Дæ къухтыкæлмæрзæн Хæзнайау фæдарин, Нæ æмзæрдæ уарзтыл Нæртон лæгау зарин. Дæ къамтæ — лæвæртты Зынаргъдæр лæвæрттæ. Зæтинæ, Зæтинæ, Æвзистбазыр зæд дæ. Ныр та уал куырмæджы Дæу агур згъорын. Уынгæг у æнæ дæу Æгас зæххы къори. 1 Кæртæй нæ, фæлæ йæм тыргътæй æрбадзырдæуыд йæ номæ*У æмæ Гарцойы уд йæ риуæй агæпп ласта. Иу каст зырнæйзылд^ къух сынтæгмæ фæкодта, иннæ къамодмæ — гæххæтты сысп хъуамæ æрбатары уыдаид, фæлæ йæм уаты къæсæрæй æрбан дзырдта Мæцци: ] — Æмбæхсгæ бакодтай æви?! I Мæнæ ныртæккæ фæмидæг уыдзæн Мæцци, зæгъгæ, ахъуьи ды кодта æмæ сызмæлын дæр нал бауæндыд, тетрады сыф ма йæ роны атъыста. Цæмæй йæ чемы æрцæуа, уый тыххæй йаа исты сдзурын хъуыди, фæлæ йын нæ бантысти. 32
— Гарцо?! — æрбахъæр та йæм кодта сыхаг лæппу æмæ дуар тымбылкъухæй нытътъупп ласта. — Фынæй бадæ? — Цы ’рцыди?! — сбустæ кодта Гарцо. Мæцци къæсæргæрон алаеууыд. Гарцомæ иу гуырысхогæнæг каст дæр нæ фæкодта, æнæвдæлонхуызæй сдзырдта: — Цæуæм хъæдмæ. — Нæхимæ ничи ис, изæры зылдтытæ мæ бар сты... — Æз дæ сраст кæндзынæн... Арфададжыхъæуы куы уыдтæ, уæд атагъайыл чи сцæйцыди, уыцы æфсæддонтыл дæр бомбæтæ æркалдтой. Знон Салæг уым карабинтæ бамбæхста. Габиимæ нæм æнхъæлмæ кæсынц. Фæйнæ суджы æргъомы дæр æрбахæс- дзыстæм. Йæ дзаумæттæ йын акæнын кодта Мæцци æмæ рæвдз азгъ- ордтой.Гарцо арæх сгæрста йæ роны æмбæхст гæххæтт, цъын- дахæдоны бынмæ йæ йæ уырзтæй æнкъардта. Габи æмæ Салæ- гимæ фæиу сты хъæуыбын. Æртæ лæппуйы уæлæмæ ницы дзырд- той, хæцæнгарзы хицæуттæ кæй суыдзысты, уыцы цин бæрæг уыди сæ алы æууæлыл дæр. Гарцо та катайы хай фæци — суг- ты æргъом хæсгæйæ ма-иу йæ æмбæхсинаг асгарынмæ сарæхсдзæн? Хъæуыбынæй суанг уæллаг фермæты онг доны былгæрæтты æрцыди минæтæ æвæрд. Лæппутæ фермæтæй куы фæдæле сты, уæд ныххызтысты дæлбылмæ. Хæлд гарнайы дæле æмыр æвæрд дыууæ хъилыл доны сæрты бауадысты. Дурвæткъуы, тырты æмæ уагъылыйы къутæрты æхсæнты æвæдты ацыдысты. Æргъомгай суг кæцæй фæхæссынц, уый онгты Салæг сæрибар къахдзæф кодта, уый фæстæ фæныгъуылдхуыз, йæ хъæлæс æрмынæг æмæ æмбæлттæн бамбарын кодта, ныр хъуамæ фæкъæрцхъус уæм, зæгъгæ. — Салæг, мæ фæндаг мæ цæстытыл куынæ фæуайы, уæд сыфцæйласинаг къодах фестын, — загъта Габи. — Тæфсæгдоныл ахиздзыстæм, — загъта Салæг. — Уыр- дыгæй дард нал у. Уыцы дон сусæны мæй дæр ихы къæрттау уазалæй калди. Хъæддзаутæй дзы-иу йæхи чи ныннадта, уыдон-иу тæфсæгæй фæрынчын сты. Дзырдтой: донмæ æввахс цъымара рæтты — тæфсæгæфтауæг къогъобадæнтæ. Фистæгæй цæуджытæн гуыбыр хæрис бæлас — хиды бæсты. Доны сæрты йæ зæнг æркъæлæт, дыууæ ставд къалиуы сæхи фаллаг былм,æ ныйивæзтой. Бæласмæ разæй сбырыди Салæг. Гарцо дон аназинаг уыди, фæлæ Габи былгæрон куы ныддæл- гом, уæд Мæццийы фæстæ бæласмæ схызти. Гарцо фаллаг фарс Мах Луг № 4, Ут 33
къалиуыл куы æрцæйбырыди, уыцы рæстæг Салæг былгæронæй сыстади, йæ хуылыдз былтæ асæрфта æмæ сдзырдта: — Хо-хо-хо, уазал мæ къæмисæнтæй рахъардта! Гарцо дон куы банызта æмæ куы сыстади, уæд фæхъуыды кодта, йæ рон асгарын дзы кæй æрбайрох. Уырзтæ хæдоны бынмæ нал банкъардтой тетрады сыф, æмæ уæд къух фæмидæг хæдоны роны. Аджигул кодта. Уый фæстæ роны фæмидæг иннæ къух. Мидæггаг хæдоны фæдджитæ хæлафы комдæлæй кæй фæуæле сты, уый цы базыдта, æндæр ницæуыл фæхæст. Бæла- сы бын йæ цæст ахаста — иугай бур сыфтæртæ цъæх нæууыл ирд рухс кодтой. Фаллаг фарсыл дæр нæ разынди тетрады сыф. Хъуызгæ кастæй аджигултæ кодта Гарцо лæппутæм, фæлæ сæм йæ зæрдæ ницæмæй фехсайдта æмæ ахъуыды кодта: "Донмæ ныххауди". Нымад къахдзæфтæ акодтой гуыбыр бæласы цурæй, афтæ Салæг сдзырдта: — Чидæр схуыфыди. — Æз дæр æй фехъуыстон, — мынæг хъæлæсæй сдзырдта Габи. — Омæ нæхи бафæсв&д кæнæм, — загъта Мæцци, Хуы- мæллæг кæуыл схылди, уыцы мыртгæйы къутæрмæ фездæхти, йæ фæдыл иннæтæ дæр. Фæндаг сæм куыд зындаид, афтæ æрныгъуылдысты. Раздæр айхъуыстой, сæфтæгæй чи суæгъдгонд вæййы, ахæм цæфхады къæрццытæ. Уый фæстæ ауыдтой барджытæ. Уыдыс- ты æртæ. — Къупыр æмæ Зыкъуыр. Æртыккаджы нæ зонын, — загъ- та Салæг. Æртыккаг барæг цыди астæуæй, бадти сырх бæхыл, иннæ бæхтæй уыди лæгъзхъуындæр. Барæджы сæрыл — чысылбы- дыр нымæтхуд, ныхыл дзæбæх æрбырыд. — Ила у, — загъта Габи. — Æрæджы дезертиртыл цуан чи кодта, уыдонимæ йæ федтон. — Кæм цуан кодтой? — афарста Салæг. — Хъæуы, — загъта та Габи. — Хæдзæртты-иу фæмидæг сты. Нæ сыхаг Дзодзырмæ чидæр фæхабар кодта, йæ хуыс- сæны ма абырыд. Рынчын, дам, дæн. Ила йæ афарста: "Цы дæ риссы?" Æмæ, дам, мæ цы нæ риссы. Сыстын æй кодтой. Хæцъилдзабырты йæ къæхтæ куыд фæцавта, афтæ йæ акод- той сæ разæй. Бинонтæ ма йын йæ фæдыл цыдæр дарæстæ аскъæфтой. Мæцци æмæ Гарцо дæр федтой Илайы, Газацце йæ къабайы 34
цаехæрадæтты суджы къæцæлтæ куы уыгъта, уыцы бон. Кæрæдзимæ бакастысты, фæлæ сæ сым дæр не схауди. Илайыл уæд бынтон æндæр дарæстæ уыди, æвæццæгæн, цæстæвæрд ма фæуон, зæгъгæ, йæ дарæс алы хатт дæр аивы. — Ила кæй хоныс, уый уæйлаг нымæтмæ уæ никæй зæрдæ фехсайдта? — афарста Салæг. — Æхсайыны кой та ма цы кæныс! — сдзырдта Мæцци. — Дæ карабинтыл фæхæст сты, йæ нымæты сæ батыхта. — Мæцци слæууыд. — Рухсæй нæ суджы æргъæмтты кой бакæнæм... — Хæрæг йæ мæрдтæ, кæд... — Салæг фæндаджырдæм фæраст. — Ды та æдзухдæр афтæтæ кæныс. Æмбæхсæн ныр хæстæг у. — Æз Салæджы зæрдæхудты нæ бацæудзынæн, — загъта Габи æмæ йæ фæдыл араст, Мæцци та йæ цæст æрныкъуылдта Гарцомæ, ома барæй афтæ дзурын, Салæджы кæронмæ бавза- рын хъæуы. Салæг сæ бахуыдта иу стыр æрдузмæ. Йæ риу къуымы — уагъылыйы парахат къутæр. Хуры рухсмæ уагъылытæ сырх тæмæн калдтой. Сындзджын уагъылыйы зæнгтыл фæйнæрдæм ахæцын кодта Гарцо æмæ Габийы æмæ йæхæдæг бахызти мидæмæ. Æрбадти дзуццæджы, райхъуысти хус сыфтæрты сыр-сыр. Фæстæмæ быргæйæ Салæг æххуыс нал бацагуырдта. Зæхмæ лæмбынæг кæсгæйæ, æрдузы кæрæтты ацыди, иу ран æргуыбыр кодта, цыдæр систа æмæ сæм фæдзырдта: — Мæнæ ма кæсут! — Йæ къухы йын ауыдтой кæрдзыны къæбæр. — Чидæр амырхта карабинтæ! — сдзырдта Салæг. — Кæрдзын дæхицæй кæд æрхауд? — бадзырдта йæм Мæцци. — Мæ зæрдæ иумæ æхсайы, — нæуумæ æдзынæг кæсгæйæ цыди Салæг. — Йæ хин йæ сæрыл æртыхсдзæн. — Фæлæууыди та. — Тамако дæр дымдта, — ныр та сæм сæвдыста дымд тама- койы баззайæггаг. — Хæрæг йæ мæрдтæ, æз æй афтæ куы ныу- уадзон. — Æрдузæй хъæдмæ бахызти æмæ фæаууон. — Ахæм адæймагæй куыд фæзæгъынц, Гарцо? — афарста Габи, Салæджы фæдыл амонгæйæ, æмæ йæ фарстæн йæхæдæг дзуапп радта: — Хуыйы сыстæй хиндæр у, зæгъгæ, дзы фæзæгъынц. — Куыд, куыд? — афарста Мæцци. — Зæгъæм, хуыйы цармыл иунæг хъис йедтæмæ нæ баззади, гъе уый аууон бамбæхсдзæн æмæ йæ ничи ссардзæн. Мæцци зæрдиагæй ныххудти, афтæ бакодта: 35
— Æз дæр æм мур дæр ницæмæ æнхъæлмæ кастæн. —Æмæ мæ дæ фæдыл сыфцæй ласæгау куы ракодтай?! — сдзырдта Гарцо. — Зæххыл дæр куы нал хæцыдтæ. — Уый дæу бацыбæл кæныны тыххæй бацархайдтон, — загъта Мæцци. — Æппын ыл æууæнк кæй нæй, уый кæронмæ базонын нæ хъæуы. — Габимæ баздæхти: — Истæмæ ма йæм æнхъæлмæ кæсыс? Габи йæ сæр батылдта, нагъ, зæгъгæ. Фæндагыл цасдæр куы рауадысты, уæд сæ Салæг раййæфта æмæ йæхи рæстытæ кæнынмæ фæци: — Мæнæ ма чысыл цыдæр базондзынæн æмæ уын алцыдæр радзурдзынæн. — Ма тыхс, — загъта Габи. — Дæ зæрдæ фæрисдзæни. Суджы рог æргъæмттимæ хъæуы бынмæ схæццæ сты талынг- гæрæтты. Сæ размæ фесты Мæццийы мад Нутæ æмæ Гарцойы мад Ануса. Сæ хæссинæгтæ сын райстой. Мæцциты дуармæ сылгоймæгтæ сугты куыристæ æрæвæрдтой. Габи æмæ Салæг сæ фæндаг дарддæр адардтой. — Лæгты бынæттæ æрцахстат, æмæ уыл сабийы митæ нал фидауынц, — загъта Нутæ. — Бецийы фырт та уемæ кæцæй фæци? — Хъæдмæ йæ немæ бафæндыд, — загъта Гарцо. — Суг хæссыны æфсон кæмыты балæуут, хæйрæг уæ зонæг, — мæстæйдзаг хъæлæсæй загъта Ануса. — Нал мæ хъæуынц уыцы сугтæ, нал, нал! • — Изæрсарæй Къупыр æмæ Зыкъуыр Салæджы агурынц, — загъта Нутæ. — Сымах кой дæр скодтой, фæлæ сæ цыды сæр Салæг уыди. Уыдоны ацыдæй бирæ нæ рауад,.уæд та ног хабар райхъуыст: Рæбыныхъæуы хъомтæй цасдæр фæтардæуыд... Сал- æджы агуырд дæр кæд уыцы хабаримæ баст уыди? Мæццимæ йæ зæрдæ афтæ сдзырдта: Салæг далæ хъæды æрдузæй йæхи аууонмæ куы байста, уæд йæ фæдыл бахъуызын хъуыди. Æвæццæгæн, Беци æмæ Газацце кæрæдзи ссардтой æмæ æхсæв нал хуыссынц. Салæг та сын фæдтæ сафæг. Чи зоны, Бецийæ ахауди, цæмæй йæ базылынджын кодтаиккой, ахæм цыдæр. Салæгæн уырдæм æнæфæцæугæ нæ уыди, фæлæ иунæгæй цæстывæрд фæуыдаид. Афæлывта сæ. , Мæцци æнхъæлдта, Гарцо дæр ахæм хъуыдыты ахæсты ис, зæгъгæ, уый та сагъæссаг фæци: кæд гæххæтты сыф лæппутæй искæмæ бафтыди, уæд къух-къух ацæудзæн, æгас хъæуыл æрзилдзæн... 36
6. Цалдæр боны Гарцо удаистæй арвыста, фæсмон æй хордта: Йæ номарæн фыст Зæтинæмæ раттыны ныфс æм кæй нæ ра- зындзæн, уый куы зыдта, уæд цы батагъд кодта. Бонтæ уадыс- ты, фæлæ Гарцомæ уæлдай дзагъул дæр ничи бакодта æмæ фæсабырдæр, æвæццæгæн, гæххæтты дон аласта, кæнæ фæсвæд ран ахаудта, зæгъгæ. Æрсабыр, фæлæ дын иу бон... Фæстаг урок фæци æмæ, ахуыр- гæнæг куыддæр къласæй ахызти, афтæ Зæтинæ стъолы цур алæууыд æмæ бæстон тыхт гæххæтты сыф халынмæ фæци. Архайдта дыууæ къухæй. "Уæлæ ис уыцы сыф!" — цыма Гарцо хъуыды нæ акодта, фæлæ йын йæ хъусы ныхъхъæрчындæуыди, йæ рустыл пиллонарт сирвæзти, йæ къæмисæнтæ ныззæланг ластой. Ныртæккæ алцыдæр рабæрæг уыдзæн æмæ, цал сты, уалæй йæм ныккæсдзысты, сæ цæстытæ хурсудзæнтæ фест- дзысты, æртхутæг дæр дзы нал баззайдзæн! — Мæнæ мæм ацы сыф Салæг радта, — загъта Зæтинæ. — Мæ номыл фыст æмдзæвгæ у æви зарæг?.. Сусæг зарæг-иу хъуа- мæ ма рахъæр уаид, фæлæ ам басусæггæнинагæй ницы ис. "Гуыбыр бæласæй куы æрцæйбырыдтæн, уæд æрхауди, Салæг æй амбæхста. Рафыста йæ æмæ йæ йæхи номыл бавдыста..." иучысыл йæ зæрдæ фæлæууыд Гарцойæн. — Мæнмæ раттыны размæ йæ бирæтæн фæкасти, — дзырд- та Зæтинæ. — Цы цæсгомæй, уый не ’мбарын. — Салæгмæ йæ цонг ивæзта. — Мæнæй дæ æппын куы ницы ныфс ис, уæд цы цæсгомæй?.. — чызджы зæрдæ æрбауынгæг, галиу къухы армæй йæ цæсгом амбæрзта, схæкъуырцц кодта. — Зæтинæ, дæхиуыл фæхæц. — Дæ иу цæссыджы аргъ куынæ у, уæд ыл цы дæхи хæрыс? — Салæг, къуырма бадæ? Хатыр дзы ракур... Зæтинæ æвронг хъæлæсæй сдзырдта: — Салæг дыл зарæг скодта, зæгъгæ, мæм хæрзæггурæггаг фесты. Нæ мæ уырныдта. Уалынмæ мæм æй йæхæдæг æрбалæ- вæрдта... Мæ сæрыл чи сдзура, уыдонæй ам ничи ис æмæ цытæ уæнды. — Зæтинæ къласыл йæ цæст ахаста. — Гъа. Исчи йæ бакæсæд æмæ йæ уегас дæр зонат. — Гæххæтты сыф стъолыл ныууагъта æмæ йæ бынатмæ ацыди. — Цæмæн æй хъуамæ исчи кæса? — чызджытæй иу фестад ^мæ Салæгмæ баздæхт. — Нæ зарæггæнæг, рацу æмæ йæ Дæхæдæг бакæс. 37
— Йæ бынатæй дæр æй бакæсæд, — радзырдта æндæр чызг;, — Заргæ уын æй акæндзынæн, — загъта æвæлмон хъæлæсæй* Салæг. ’ ч* Салæджы поэт чи рахуыдта, уыцы чызг размæ рацыди æмæ^ загъта: • — Æз æй бакæсдзынæн. Æмдзæвгæ каст куы фæци, уæддæр ма чызг тетрады сыфмæ æдзынæг касти. Гарцо банхъæлдта, цыдæртæ ма йæм бафтыдта æмæ сæ дзæбæх не ’взары. — Цы дзы не ’взарыс? — бафарста йæ Мæцци. — Йæ фыстыхъæдмæ мæ зæрдæ фехсайдта. Зæтинæ, ды ниц- æуыл фæгуырысхо дæ? Зæтинæ сыстади, æмæ къласæй иу стыф нал райхъуысти. Чызг загъта: — Æмдзæвгæйы æцæг ныффыссæг рабæрæг уыдзæн æнæмæнг. Салæг ацы цыппар къуплеты рафыссынмæ нæ фæзивæг кодта, чидæр ын æй рафыста. Цы цæсгомæй?! Кæйдæр хъуыдытæ дæхи бакæн! Уый стыр тæригъæд у... — Зæрдаив ныхас цæмæн кæнæм? — йæ бынатæй фестади Мæцци æмæ размæ ацыди, стъолæй гæххæтты сыф фелвæста, Салæджы уæлхъус балæууыд æмæ сабыр хъæлæсæй загъта: — Æри-ма дæ тетрад. —Цæмæн дæм æй хъуамæ радтон? — Салæг партæйы фæцав- та йæ цонг, — йæ чиныг, йæ тетрæдтæ мидæгдæр бассыдта: "Æмдзæвгæйы тыххæй мæм хæлæг кæныс?» — уæлæмæ йæм касти. — Бæргæ, исты куы сæнтауис, — загъта Мæцци. — Æнхъæл нæ дæн. Чидæр дæ коммæ бакасти æмæ ма дын, чи зоны, æндæр чызгыл дæр зарæг ныффысса æмæ уый зæрдæ балхæнай... Уалынмæ рабæрæг уыдзæн дæ хæрзгæнæджы ном... Зæтинæ йæ, æнхъæлдæн, ныр дæр зоны... Гъе, гъе, Гарцойы дæр уыцы хъуыдытæ агайдтой. Йæхæдæг æй никуы рахъæр кæндзæн, фæлæ йæм Салæг чысыл дæр куы фæхæрам уа, уæд æй сæ карчы цъиутæн дæр адзурдзæн. Зæтинæ дзы йæ удхæссæг цæмæй фена, ууыл дæр бацар- хайдзæн. 7. Фæссихæрттæм фæкуыстой картофкъахджытæ, стæй сæм фæсидтысты фæйнæ комдзаджы скæнынмæ. Мæцци, Гарцо æмае 38
Габи аивæй фæхибар сты æмæ ауынаффæ кодтой: рæвдз ахæр- дзыстæм æмæ каконы къохмæ нæхи байсдзыстæм. Фæсхæрд лугай азгъордтой Саргъобауы аууонмæ каконы къутæртæм. Юъаевдадæттæ хъæдæй кæуылты ракæлынц, уыцы адагмæ ныг- гæппытæ кодтой. Хъæуы ма цы иугай сахъат лæгтæ баззад, уыдон дæр фæцы- дысты хæстмæ. Æрдæбон сæ тæккæ хæргæйæ уыдысты, уæд та чидæр радзырдта ног хабар: "Хæсты быдырмæ цæуынц Кима æмæ Джена дæр". Кимайæн йæ къæхтæ сыд уыдысты, финты хæстæй афтæмæй ссыди, сахъатæй. Йе ’нгуылдзтæ гуылмызтæ уыдысты æмæ йæ бон йæ дзабыр скæнын дæр рæстмæ нæ уыди. Джена та — колхозы зæронддæр тракторист. Кима æмæ Дже- найы кой зæронд Науырыз расайдта. Науырыз иугæр куыстмæ æрæвнæлдта, уæд дзургæ нал фæкæны. Исты ахсджиаг зæгъи- наг æм ис — æнæмæнг слæууы æмæ гæдыбæласау сбæрзонд вæййы. Кима æмæ Дженайы кой афтæ райдыдта: "Æз сæ æмба- рын. Дæ алыварс сылгоймæгтæ æмæ сабитæй дарддæр куы ник- æйуал уынай, уæд адæймаг хорзау нал фæвæййы. Кима, дам, афтæ акæны: хæсты хабæрттæй Зыкъуыры фæрсдзынæн?" Ома, фæсхæст хæстон адæм куы æрыздæхой, уæд-иу сæ фарсмæ цы цæсгомæй сбаддзынæн. Искуы, дам, фронтмæ æввахс бæхтæм уæддæр зилдзынæн, зæгъгæ, та^Джена фæзæгъы, фæлæ уыдон йе ’цæг зæгъинæгтæ не сты. Йæ дыууæ æфсымæры, йе ’ртæ фырты уым сты æмæ уыдонæй кæд искæуыл фембæлин, зæгъгæ, уыцы зæрдæйæ цæуы. Науырыз уыцы ныхæстæ кæнгæйæ йæ къухуæлармæй сæрфта йæ цæссыгтæ. Сылгоймæгты зæрдæтæ дæр бауынгæг сты. — Гъер Науырыз Асæгойæн дæр уайдзæфтæ кæны, Къу- пырæн дæр, ноджы æндæр кæмæндæрты дæр, — дзырдта Габи. — Чидæртæ сæхиуыл æрхуддзысты. — Къаба скæнын йæ сæрмæ чи не ’рхæсдзæн, ахæмтæ, — загъта Мæцци. — Къабатæ?! — бадис кодта Габи. — Чи скодта къаба?! Ома нæлгоймæгтæй чидæр йæ уæлæ къаба ссæрфта?! — Амбæхсут сæ! — æрдзырдæуыди уæлбылæй æмæ фæхъус сты. Сæ цурмæ æргæпп кодта Салæг, æркасти сын сæ размæ, алыварс афæлгæсыд. — Æппындæр уæм ницуал аззад? "Нæхи дзы иуварс ласæм, уæддæр нæ фæдыл быры, — маст фæцагайдта Мæццийы. — Мæстæймарæн митæ хъуамæ кæна". — Цæй, уæхи цы ныггæмæлтæ кодтат? — худæнбылæй касти Салæг. — Ницы мæ бамбæхсдзыстут. Цæуыл дзуринаг стут, Уьщ зонын... 39
— Де уæны кæсын байдыдтай? — загъта Габи. — Гъемæ м| йæ зæгъ. 1 — Быдзыго уæлмæрдты ард бахордта, йæхи кæнын кодт| хæстмæ, фæлæ, дам, дын нырма афон нæу æмæ хæстонты поез| ды бабадти... ! — Уыцы хабæрттæ хъуымыздзых сабитæ дæр зонынц, —| загъта та Габи. ,| — Уæ ныхас уыди, уæ райгуырды азтæ куыд фæраздæр кæнат,! уый тыххæй. — Салæджы нарст рустæ базæу-зæу кодтой. Лæппутæ кæрæдзимæ бакастысты, ома чи йын рахъæр код- таид нæ сусæг фæндтæ, зæгъгæ. "Тамби нæ ауæй кодта, — скар- ста Мæцци. — Салæджы та, æвæццæгæн, уæрдон бахъуыди. Сæхимæ та йæ бахуыдтаид æмæ йæм цъæхæй фæкастаид. Уæд Тамбийы зæрдæ байгом вæййы..." — Салæгмæ ныккасти, йæ зæрды цымæ цы ис, зæгъгæ, ууыл хъуыдытæ кодта: "Йæ лыгъд фыды æфсармæй хъуамæ фæкъæмдзæстыг уаид, фæлæ сæ тæндзæсгæмттæй нæу. Йæхи ныл хъуамæ баныхаса? Æмæ уымæй цы хъуамæ рамбула!" — Цыдæр у, уæддæр дæ Быдзыгойы фæдыл цæуын бафæн- дыд? — фæрсы йæ Мæцци. — Мæ фыды æфсымæр Миттæ ма ам куы уаид, — загьта Салæг. — Къалозы уафсæй сахатмæ Петыры мыхуыр ацаразид. Йæ фы- стытæ чиныджы дамгъæтæй рæсугъддæр уыдысты... — Цы дæ зæрды ис, уый ма æргомæй зæгъ, — йæ ныхас фескъуыдта Мæцци. — Æз дæр уæ фарсмæ балæудзынæн, — загъта Салæг. — Фæткъуытæ давынмæ куы цæуæм, уæд? — афарста йæ Габи. — Афтæ йæ банымайут, — загъта Салæг. — Ацы сахатæй фæстæмæ дæн уемæ. Хъуыддæгтæ афтæ саразын хъæуы, райо- ны къæмисарады ныл куыд баууæндой... — Барæг у, уыдæттыл рагацау хъуыды кодтай, — сдзырдта Гарцо. — Гъемæ ма йæ зæгъ: куыд хуыздæр уыдзæн? — Хорз, — сразы Салæг. — Мыхуырæй спайда кæндзыстæм, гæххæттытæ сараздзыстæм. — Сиддонтæн гæххæттытæ кæд фар^зынц? — афарста та йæ Гарцо. — Хъуыды йыл кодтон, — дзырдта Салæг. — Фыст кæм стæм, уыцы чиныг самал кæндзыстæм, нæ азтыл бафтаудзыстæм, районæй чи æрбацæуы, уый сæм кæсдзæн æмæ нæм фæсид- дзысты... 40
1Сима æмæ Дженайæн фæндараст зæгъынмæ æрцыдысты æцæгæлæттæ дæр. Фæзындзысты сусæгвæндгæнджытæ дæр. Мæцци ма ныр дæр йæ зæрдæ дардта, Салæгæй кæй фервæз- дзысты, ууыл. Ома зынаразинаг хабар ын йæ бæрны бакæн- дзыстæм æмæ кæд йæхи иуварс айсид. Æмæ сæ кæй цы кæнын хъæуы, ууыл куы дзырдтой, уæд ын Мæцци ’загъта: "Петыр бæлццæтты фæдыл куы акæса æмæ йæ дуар гомæй куы аззайа, уæд йæ кусæн уатмæ бацæудзынæ ды. Æз лæудзынæн тыргъ- ты, Гарцо асинтæм хæстæг. Мыййаг, хъæугæронмæ сæ фæдыл куы акæса Петыр, уæд Габи кæройнаг хæдзары раз лæудзæн æмæ Гарцойæн æмбарын кæндзæн, хъæуыхицау раздæхы, зæгъгæ. "Хорз, — загъта Салæг. — Чъылдыммæ рудзынг рагацау базыхъ- хъыр кæндзынæн æмæ, мыййаг, чиныджы негасы куынæ ссарон, уæд æй уырдæм ныппардзынæн. Исчи-иу уым лæууæд". Петыр сиддонты фæдыл акасти, фæлæ дзы йæ дуар сæхгæнын нæ байрох. Лæппутæ дæр фæндарастгæнджытимæ ахæццæ сты кæройнаг хæдзары онг. Хиуæттæ бричкæйы фæстæ уадысты. Лæппутæ фæстæмæ раздæхтысты. Йæ кусæн уатмæ ратын- дзыдта Петыр дæр. Чи зоны, рацыдаид сахатырдæг, афтæ хъæуг- æронæй иу чызг тъæбæрттæй æрбазгъордта æмæ Петыры кусæн уаты рудзынг бахоста. Хъæуыхицау æм рауади. — Кимайы кæстæр чызг бауадзыг, ныффæлурс, цæстæй дæр нал кæсы. Искæдæм адзур дохтырмæ, — æнæулæфгæйæ дзырд- та фæдисон. — Кæм ма ис дохтыр? — бустæхъæлæсæй фæкодта Петыр. — Кæм ис чызг? Дон ын уæддæр авæрдтаиккат, къанау уæ фындзы бын... Фæдисон хъæугæронырдæм азгъордта, йæ фæдыл — Петыр. Хъæуы дохтыры райдианты акодтой хæстмæ, æнхъæлдтой æмæ фелсыр йæ кармæ гæсгæ баззайдзæн, зæгъгæ фæлæ та уымæ дæр фæсидтысты. Чиныгимæ лымæн нæ уыди Салæг, истæмæ сарæхса, ууыл йæ зæрдæ нæ дардта Мæцци æмæ йæ фæдыл Петыры уатмæ бахызти. Хъæуккæгты райгуырды бæлвырддзинæдтæ-иу фыст кæм æрцыдысты, уыцы чингуытæй арæх пайда кодтой æмæ уæ- лæнгай æвæрд уыдысты скъаппы. Салæг дуары хæцæны бандо- ны къах атъыста æмæ чингуытæ фæлдахынмæ фесты. Рагацау баныхас кодтой: сæхи фæкарджындæр кæндзысты, авд æмæ ссæдзæм азы гуырдтæ уыдысты æмæ "авдæй" араз- 41
дзысты "фондз". Хæрынкъа сæм уыди, уый цыргъ бырынкъæй- иу растгонд нымæцы уæлдæйттæ ахафдзысты. Ноджы ма афтæ баныхас кодтой: Мæцци сраст кæндзæн Салæджы райгуырды аз, Салæг та Мæццийы, дарддæр агур- дзысты иннæты. Цыппарæй куы фæхистæртæ сты æмæ ма сын Тамби куы баз- зади, уæд телефоны дзинг-дзинг райхъуысти. Мæццийы уд ауади. Салæг йæ мидбынаты фестъæлфыди, телефонмæ фæцæйуади. — Цы дæ зæрды ис? — сдзырдта йæм Мæцци. — Хъусын æм нæ хъæуы? Зæгъон: Петыр ам нæй. — Хæтæл сис æмæ йæ зæбулæй ныууадз. — Зæбулæй цæмæн? — йæ удаист бамбæхсын Салæджы бон нал уыд. Телефон цыма фæдисы дзæнгæрæг фестади, цыма йæ Пе- тыр хъæугæронæй дæр фехъусдзæн, Мæцци йæм бауади, фел- вæста йæ æмæ йæ зæбулæй фæуагъта. Хæтæлæй-иу схауд æна- хуыр уынæртæ, ныххæр-хæр-иу ласта. Уый фæстæ уыцы дзæбæх райхъуысти: "Ало! Ало! Ало!" Дуар къухы уæлармæй æрбахостæуыд, стæй та айхъуыстой Гарцойы хъæлæс: — Рацæут! Феддæдуар сты. Уынг—быгъдæг. Къанторы тигъыл ныззыл- дысты Мæцци, Гарцо æмæ Салæг. Габимæ нал банхъæлмæ кас- тысты. Уайтæккæ Салæг дзыхълæуд фæкодта: — Телефоны хæтæл нын ауыгъдæй баззад! — Нæ баззад, — загъта Мæцци. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, чингуытæй кæцыдæр фæлдæхтæй стъолыл кæй фæуагътой, уый фæлæ ницы сдзырдта. — Тамбийæн нын рæстæг нал сфаг, — загъта Мæцци Гар- цойæн, — æмæ йын куыд кæнæм? — Ма йын æй схъæр кæнæм, — загъта Салæг. — Æмæ йæм махимæ куынæ фæсидой, уæд та? — афарста Гарцо. — Негасмæ иу бон хъуамæ фæсидой? — загъта Салæг. Мæцци та хъуыдытæ кодта: "Хæйрæг дыл баууæндæд. Хæстмæ< цыди æмæ йæ нæ ауагътой, зæгъгæ, дзы айхъуысæд, æндæр æй ницы хъæуы. Ныр архайдзæн хъуыддаг фехалыныл". Хъæрæй та загъта: — Чи зоны, Тамбийæн дæр исты амал скæнæм. Рæстæг ма ис. 8. Æртыккаг урокæй бирæ нæ рауад, афтæ Мæцци айхъуыста 42
кæуыны уынæртæ. МæцЦи æмæ Гарцо бадтысты астæуккаг раегъы фæстаг партæйыл. Мæцци цасдæр æдзынæгæй фæхъуы- ста æмæ базыдта: уый Зæтинæ кæуы. Чызг бадти дуарырдыгæй раегъы фæстаг партæйыл. Уынгæг зæрдæйы арф æвæрæнтæй чи раирвæзы, ахæм хæкъуырццытæ йын йæ риу рæдывтой. Йе ’мбал чызг æм-иу ныггуыбыр кодта, цыдæртæ йын дзырдта, фæлæ та-иу уый йæ сæр батылдта, ома уадз мæ. Зæтинæйы сæрыл — тинтычъи гаруз. Афтæ-иу æй бабаста, йæ ных æнæхъæнæй дæр гомæй куыд аззайа. Цæстæн æхсызгон уыди йæ сау тæмæнуа- дзаг хæмпус сæрыхъуынтæм кæсын. Йæ рустæ-иу тинтычъи га- рузы бын хæмпусхуыз райстой. Ныр гаруз ныхыл æруагъта, йæ цæстытæ æмбæхста. Мæцци не ’мбæрста, йæ алыварс бадæг чызджытæ куыд фидар разындысты, ахуыргæнæгæн цæуылнæ бамбарын кæнынц, æмæ Зæтинæйы урокæй ауадза. Гарцо йæм йæхи æрбаивæзта æмæ йын йæ хъусы æрбадзырд- та: — Зæтинæйы кæуын нæ хъусыс? — Куыннæ йæ хъусын. — Хæдзары сæм исты ахæм хабар, уæд æй махæй раздæр чи зонид... — Салæг та йын ма смаст кæнæд? Фæстаг рæстæг йæхи хуымæтæджы нæ ныууæздан кодта. Салæджы койæ зæрдæтахт фæци Гарцо æмæ ницуал загъта. Йæхи афтæ дар^ы, цыма Гарцойæ чи ахауди, уыцы æмдзæвгæ йæхи фыст у. Йæ цæсгомыл уæд та искуы къæмдзæстыджы фæдтæ куы фæзынид. Салæджы куы ауыны, уæд та йæ фæца- гайы, кæддæр ма йæм дзы цыдæр маст кæй хаудзæни, уыцы хъуыды. Урок фæци, ахуыргæнæг ацыд. Аивылдысты къласæй чыз- джытæ æмæ лæппутæ. Мæцци йе ’ргом аздæхта Зæтинæмæ, сдзырдта йæм: — Зæтинæ, исчи дæ бафхæрдта? — Нагъ, — йæ сæр батылдта чызг. — Нæ сыхаг чызджы æфхæрæджы хъуамæ мах зонæм... — Ахæмæй дзы ницы ис... Зæтинæ йæ къабайы дзыппы цыдæр атъыста, цыма дыдæгъ- тæгонд гæххæтт. Сыстади, цæугæ-цæуын йæ цæстытæ асæрф- та. Ахызти къласæй. Мæцци дæр. Зæтинæ бацыди скъолайы директоры кабинеты дуармæ, бахоста йæ, чысыл фæстæдæр мидæмæ бахызт... 43
Иу-къорд боны Зæтинæ æмæ Гарцо скъоламæ иумæ нал ссы- дысты, чызг сæ фæсурокты дæр йæхи хызта. Уавæр рауади Гарцойы фæндиаг, чызджы раз къæмдзæстыг кодта, йæ ны- хасæн ын æдæрсгæ дзуапп раттынмæ нал арæхсти. Мæццийæ та ницы ирвæзти, цæмæндæрты-иу сæ сусæг гуырæнтæ ауыдта. Уыцы бон дæр та фæсурокты Гарцойы цæст Зæтинæйыл нал æрхæцыд. Нæ йæ фæндыд хæдзармæ Мæцциимæ здæхын дæр æмæ йын загъта: "Нæхимæ мын фæдзæхстой, не ’рвадæлтæм- иу суай". Мæцциимæ куыд ныхас кодта, афтæ скъолайæ ра- хизгæ ауыдта Кæлимæты, йæ къухы даргъбосджын хызын. Уæззауæн æй хаста. Уæлæсыхы цардысты Гарцойы æрвадæлтæ, уыцырдæм уыди Кæлимæты фæндаг дæр. Æмæ, ма мæ раййа- фа, зæгъгæ, тагъд къахдзæфтæй атындзыдта Гарцо. Цæрæджы фыстæджытæ фарон сæмбæлын кодта^ Кæлимæтыл, фæлæ йæм нырмæ йæ зæрдæ нæма æрфæлмæн. Йæ фыстæджытæ йын-иу цыма йæ къухтæ фæцæйсыгътой. Ноджы йыл цытæ æрæмысыд, æнæ бакæсгæ, дам, сæ нæ фæуыдаис... Фæстæмæ фæкасти, æмæ йæм Кæлимæт æввахс куы разын- ди, уæд фæтъæбæртт ласта, раст уæлæ цæхгæрмæ уынджы тигъмæ не ’рлæууыдаид, фæлæ айхъуыста: — Гарцо! Цыма йæ исчи рацахста, афтæ фæлæууыди æмæ ахуыр- гæнæгмæ йе ’ргом раздæхта. Кæлимæтмæ комкоммæ кæсын йæ зæрдæ куы батардтаид, уæд ын ауыдтаид йæ рухсæйдзаг цæстытæ, æмæ йе ’рфгуыты хъуынтъыз сыстадаид. — Уе ’рвадæлтæм цæуыс? — афарста йæ Кæлимæт зæрдæбын хъæлæсæй. — О, — дзуапп радта Гаруо. — Сæ нана дæ фæфæрсы. Йæ хистæр фырты Нæгуырд хоны. Гарцо, дам, æй цæрмæстыгъд бакодта. Нæгуырды, дам, тынг куы фæмысын, уæд Гарцомæ нырвитын... Цыдысты сабыргай. "Йемæ дзурын мæм кæй нæ цæуы, уый куы бамбарид, уæд мæ ныууадзид", — йæхинымæры загъта лæппу. — Уæд дæ бафхæрдтон, — чызджы хъæлæс фæсасти. — Æваст мæ развæндагыл куы алæууыдтæ, уæд мæ зæрдæ ныссæххæтт ласта. Афтæ дæр мæ чемы нал æрцыдтæн. Хæсты фыццаг бонты нæ хъæумæ æртæ саугæххæтты куы ссыди... Мæрдджынтæм цæугæ нæ, фæлæ згъоргæ кодтой адæм. Цытæ дзурын? Цыма уыдæттæ ды нæ зоныс... Мæ кæстæр æфсымæрæй хабар нæ истам æмæ, кæд исты уæззау уац, зæгъгæ... Цыдæр- хуызон адæн... Фыццаг фыстæг куы бакастæн, уæд бынтон ныс- 44
суйтэе дæн. Мæ сæры дын куы фæмидæг уаид, цыма йæ ды дæр бакастæ. Пиллон арт мыл сирвæзти, ома ды сæ кæмæндæр ра- дзурдзынæ, уый æндæрæн, фыстæджы койтæ хъæуыл æрзил- дзысты æмæ мæ фыды хъустыл æрцæудзысты... Фæлæ мæ ны- хас ноджы куынæ фæбæлвырддæр кæнон, уæд мæ нæ бамбар- дзынæ. Бирæ азты размæ уыди уый. Мæ фыдыфсымæры чызг махмæ фæцарди афæдз, рынчынтæ хаста æмæ йын мах хус уæлдæф, мах доны уддзæф æвдадзы хосæн амыдтой. Чызг бадзæбæх, йæ уадулты туг ахъазыд. Иу нæ хъæуккаг лæппу йыл сдзырдта, йæ минæвæрттæ дæр нæм сæрвыста. Мæ фыд сын цæхгæр загъта: "Фæцæут сæм сæхи хъæумæ, йæ фыды хæдзармæ". Чызджы хæдзармæ фæцыдысты, фæлæ сын ницы ком радтой. Иуахæмы усгур лæппу мæ фыдмæ æрбалæбурдта, ды, дам, сын мæн фæфаудтай æмæ дын нæ ныббардзынæн. Лæдзæг хъуамæ мæ фыды сæрыл æруагътаид, фæлæ йæм уый йæ къух фæдардта. Къухы саггомыл æруади лæдзæг æмæ йæ æрфаста. Мæ фыд хъазахъхъаг службæйы уыди, номы наган дардта. Нæ йыл бацауæрста... Фæтуджджын стæм, мæхъхъæлы бæстæмæ алыгъдыстæм, лымæнтæ нын дзы уыди. Мæ фыд мæн дæр, мæ хойы дæр не ’рвадæлтæм дæр никуы ауагъта. Гæнæн ын куы уыдаид, уæд нæ агъудты дардтаид, нæлгоймаджы цæст ныл куыд никуы æрхæца. Лæппумæ фæкæсын дæр ма бауæн- дай. — Фæхъус ис Кæлимæт. Гарцо йæм не скасти, уæддæр хатыдта — йæ цæссыджы фæрдгуытæ згъæлынц. Уæззау фæрдгуытæ. — Уе ’рвадæлты нанайы ныхæстæ куыд æцæг рау- адысты! Цы хорз лæппу дæ, Гарцо, куыд сыгъдæгуд дæ! — Йæ рахиз къухмæ алæвæрдта йæ хызын, галиуæй æрбахъæбыс, æрбамбуар кодта лæппуйы. Гарцо зыдта йæ нана Госсохы хъæбысы ад. Хъæбысыдзаг саби уыди, уæдæй хъуыды кæны мады хъæбысы ад. Кæлимæты хъæбыс ын сахадыдта æнусы дæргъæн уысмау. Цыдæр æнахуыр æхсызгон хъарм йæ буарыл аивылди. — Хатыр дæ куыд ракурон, уый дæр нæ зонын. Æмтъе- ры ныхæстæ дын фæкодтон æмæ мын, æвæццæгæн, бамбарæн дæр нæй... — Ма тыхс, — загъта Гарцо. — Æз дæм ницы... Мæсты дæр дæм не сдæн. — Уæдæ дын æххæст мæ къæйных курдиат дæр зæгъон, — Дзырдта Кæлимæт. — Ме ’фсымæрæн йæ уарзон æнæкуырдæй баззади. Арæх æм фыссы чызг, уæддæр ме ’фсымæр сфæдисон ваеййы. Басасти йыл: чызджы фыстæджытæ йын ныфсы хос сты, йæ цæст уынагдæр вæййы... Æз мæхи хæрын алы бон дæр. Цы æгъатыр разындтæн, Цæрæгæн цы маст скодтон, цы ма дзы 45
рауайдзæн, уый нæ зонын, фæлæ мын йæ адрис самал кæн. Уæд та йæм, зæгъæм, дæхи номыл фыстæг æрвитыс... Исты’ æрхъуыды кæн... — Хорз... — Æрцардтай мæ, Гарцо! % Цæрæджы адрис Кæлимæтыл тагъд кæй сæмбæлын кæндзæн, ууыл гуырысхо нæ кодта Гарцо. Зæгъдзæн Зæтинæйæн æмæ дзы адрис йæхи номæй ракурдзæн. Фæлæ фæстаг рæстæг чызг скъоламæ афоныл никуал сæфтыд, кæцыдæр урокты абады, чидæр æй бацагуры æмæ та* къласæй ацæуы. Сæумæрайсом скъоламæ цæуыны зæрдæйæ сæ хæдзарæй каст Гарцо. Гом тыргътæй фæйнæг асиныл кæртмæ куы æрхызти, уæд æм йæ зæрдæ афтæ сдзырдта: нæ цæхæрадоны фæмидæг уон, æмæ Мæцци куы æрбадзура, уæд ын зæгъдзысты: куы ацы- ди. Чысыл цæхæрадонмæ бауади, хъæллæгъы куыристы аууон балæууыди. Ам банхъæлмæ кæсдзæн Зæтинæмæ. Мæцци зынæг нæ фæци. Фыццаг урокæн, æвæццæгæн, йе ’мбис фæуыдаид, уæд Зæтинæ уынджы сцæйцыди. Лæппуйæн йæ зæрдæйы сонт цæфтæй йæ улæфт скъуыддзаг кодта. Фæтых- сти: фæстейы йæ асурон æви рагацау йæ размæ ауайон? Кауы сæрты агæпп кодта, быруйы рæбынты сæ хиды онг суади æмæ сабыр къахдзæфтæй араст. Иуахæмы фæстæмæ фæкасти, афтæ цыма зæрдаивæй æмæ, Зæтинæйы ауынгæйæ, æрлæууыди. "Мæцци нæ куынæ раййафид", — ахъуыды кодта Гарцо. Лæппу тарсти Зæтинæйы æрфгуытæ куы алхынцъытæ уой æмæ йæм йæ цæстытæй зымæгон уазал куы ракæла. Нагъ, чызджы цæсты- хаутæ дзывылдары къæдзилтау нытътъæбæрттытæ кодтой, цæстытæй ракалди зæрдæйы хъынцъымтæ сурæг рухс. Салам радтой кæрæдзийæн цæстæнгасæй. Цыдысты æнæдзургæйæ, æмæ Гарцо уайтагъддæр бафиппайдта, æмкъахдзæф кæй фесты, уый. Лæппумæ аив нæ касти сæ ныхас Цæрæджы адрисы койæ рай- дайын. Чызджы урочы рæстæг цæссыгкалгæ федта æмæ уал æй уымæй афæрсын хъæуы. Цалынмæ хъуыдытæ кодта, уæдмæ Зæтинæ фæразæй, загъта: — Арфададжыхъæуы дæ фыды федтай, уый фехъуыстон. — 0, федтон æй. Ноджыдæр ма йæ хабары бæлвырддзинæдтæй афарста, зæрд&бынæй ныуулæфыди æмæ сдзырдта: — Цы амондджын дæ! Куыд цинтæ кодтат, уый мæ цæсты- тыл фæуайы... Æз та бабайы мæ фыны дæр нæ уынын. 46
Уæдмæ фыццаг цæхгæрмæ уынгмæ схæццæ сты. Гарцо рахи- зырдæм æхсгæ каст фæкодта æмæ ауыдта Мæццийы, аразгæ къахдзæфтæ кæнгæ æрбацæйцыди. Йæ зæрдæ йæм афтæ сдзырд- та: сæхи уынгты барæй ссыди. Ам Зæтинæйы размæ цæмæй фæуа, ууыл архайдта. Чызджы цæстыхаутæ та нытътъæбæрттытæ ластой, фæлæ тагъд æруæззау сты, æрæмбæхстой цæстыты. Алчи йæ хынцинаг кодта, пъероты хъыррызт-иу райхъуыс- ти куы иу, куы иннæ ранæй. Ацы урочы цырддзастæй æх- хуысмæ чи фенхъæлмæ кæсы, уыдон дæр æнцад нæ бадтысты, æввахс бадджытæй чидæр цæстуарзондæр рауайы, цæттæконд хынцинаг афтæ сæвæрдзæн, æмæ йæ рафысс дæ тетрадмæ. Зæтинæйы къухы дæр ручкæ уыди, фæлæ йæ иу хатт чернилæ- доны не ’ртылдта. Ахуыргæнæг-иу къласыл йæ цæст ахаста æмæ, Зæтинæйы æнцад бадгæ нæ бафиппайдтаид, уый Мæццийы нæ уырныдта. Къласы дуар чидæр æртæ къуырццы æрбакодта. Ахуыргæнæг дуар бакодта æмæ тыргътæм ахызти. Фæстæмæ тагъд фездæх- ти æмæ загъта: — Зæтинæ, марадз, дæумæ дзурынц. Чызг, æвæццæгæн, йæ мидсагъæсты ахæсты уыди æмæ фе- стъæлфыди, фестади рæвдз, дуарырдæм цалдæр къахдзæфы акодта, фæлæ фæстæмæ фæзылди æмæ йæ партæйы цыдæр авæрдта. Цасдæры фæстæ Зæтинæ æрбацыди къласмæ. Ныр Мæцци чызгæй йæ цæст нал иста. Хынцинаг сыгъдæг тет- радмæ фыста æмæ уыдта: Зæтинæ йæ къухтæ йæ хъæбысмæ æруагъта, уырзтæ цыдæр сгæрстой, къухтæ партæмæ систой гæххæтты сыф, тетрадыл æй æрæвæрдтой, цæнгтæ тетрады фæйнæфæрсты æрæнцадысты, сæр æрхæстæг цæнгтæм. "Сусæг кæсинаг æрæвæрдта йæ цуры", — ахъуыды кодта Мæцци. Цасдæр рæстæджы фæстæ та уыцы сыф йæ хъæбысмæ æруагъта æмæ йæ лагъзы бавæрдта. Лæппу хъуы- дытæ кодта: "Æрдæбон чи æрбахоста, уый йæм æй æрбаха- ста". Чызг та йæ сæр æрхæстæг кодта партæмæ æмæ йæ цæссыгтæ асæрфта. Йæ фарсмæ бадæг чызг ын, æвæццæгæн, нæ зоны йæ маройаг уавæр, æндæр йæ цымыдис ницæмæй равдисид. Цыдæр бæллæх сæмбæлди Зæтинæйыл, æмæ йæ сæ хæдзары дæр нæ зонынц. Дзæнгæрæг куыддæр ныззæланг ласта, афтæ фестади Мæцци, Гарцомæ дæр нæ банхъæлмæ касти æмæ кæртмæ ахызти, иуварс 47
йæхи айста. Къласы ничиуал уыдзæн, зæгъгæ, йæм йæ зæрдæ куы сдзырдта, уæд фæстæмæ скъолайы тыргътæм бахызти. Къласы ничи разынди, Зæтинæйы хызын райста, чингуытæм æркасти, сæ иуы сыфтæ астæуæй зыхъхъыр бадтысты. Фыстæг уым разынди. Мæцци йæхи бынаты абадти. Гом къонвертæй фыстæг систа, цæстытæ ацахстой фыццаг рæнхъ: "Милая Зати- на! Цараг мне о тебе часто рассказывал, какие-то душевные слова находил, и перед моими глазами вставал твой живой образ. Сейчас я не обо всем могу писать, слезы душат меня. Пусто на душе. Как я буду жить без него?.. Умница ты, Затина, что посоветовалась с директором, он подскажет, как быть... Пусть пока ничего не знают дома...» Дарддæр кæсын лæппуйы зæрдæ нал батардта. Хызын йæ бынаты фæцавта æмæ тыргътæм рахызти. Зыдта: цалынмæ Зæтинæмæ фæндаг ссара, сдзурын æй кæна, уæдмæ не ’рсабыр уыдзæн. Цы уæззау уаргъ ыл æрæнцад! Ахæм æбуалгъ уац æгас бинонтæ уромын куынæ фæфæразынц, хионæй, сыхагæй, æцæгæлонæй сæ уæлхъус куы балæууынц... Иубон, Петыры кусæн уатмæ сусæгæй куы бацыдысты, уæд Мæццийы зæрдыл æрлæууыди, Цæрæг æмæ йе ’мбæлтты тыххæй кæй дзырдтой, уыцы хабар. Авд къласы каст фесты, фæлæ йæ нæ уагътой искæдæм ахуыр кæнынмæ. Уæды хъæуыхицау афтæ бакодта: "Адон куы сахуыргонд уой, уæд нæм бæхтæрæджы бынат дæр нал æрхаудзæн". Æмæ сæ рарвыстой. Цæрæг æмæ йе ’мбæлттæ хъæусоветы дуар мæцъисæй байгом кодтой. Æхсæвгæс сæ базыдта, бæстæ фæдис скодта. Иннæтæ хъæуæй алыгъдысты, Цæрæг баззади. Тæрхон ын кодтой хъæуы. Æмæ йæ цынæ рахуыдтой, цынæ! Цæрæг загъта: "Æвзæрæй цы ра- кодтам? Ленин фæдзæхста: ахуыр, ахуыр æмæ ахуыр. Мах фæнды Ленины фæдзæхст æххæст кæнын". Æмæ ссæрибар Цæрæг. Мæцци ныр зыдта, Зæтинæйы цур балæугæйæ цы ныхæстæ зæгъын хъæуы, уый. Хистæр кълæсты ахуырдзауты скъолайæ раздæр рауагътой, карзæй сын ныффæдзæхстой: рæвдз уайут уæ хæдзæрттæм, ком- дзаг скæнут, уæ дарæстæ аивут æмæ — быдырмæ! Гарцо æмæ Мæцци здæхтысты сæхимæ дыууæйæ. Дзуринæг- ты гуырæн арæхдæр Мæцци разыны, фæлæ уый зæрдæ ахсайд- та Зæтинæмæ. Тагъд рæстæджы чызджы ницуал бандавдзæн. Хибар ран ыл хъуамæ фæхæст уа. Сæ бинонтæй кæдмæ æмбæхсдзæни хабар? Бирæ цыдæртæ зонын фæндыди Мæццийы. 48
Гарцоты тигъыл цæхгæрмæ уынгмæ фæзылди Мæцци æмæ рæвА3 атындзыдтаид, фæлæ уæртæ йæ ныхмæ цыппæрвадыгæй скъæрдта цавæрдæр барæг. Йе разæй лыгъди бæх. Лæппуты куы ауыдта, уæд сæм ныхъхъæр кодта: — Ребята, остановите коня! Хиды фæйнæфарс алæууыдысты Мæцци æмæ Гарцо. — Тр-р-р! Т-р-р! — хъæр кодтой лæппутæ, сæ цæнгтæй йæм æвзыстой. Сæрибар бæх Гарцоты хæдзары къулрæбынты ба- фардæг, къанауы дон йæ раззаг къæхтæй сцæллахъ ласта æмæ лæппутыл æрбакалди. фæлурсморæ бæх тигъыл куы фæзылд дæлæрдæм æмæ йын йæ рахиз фарсыл чи стырдæр, чи къаддæр урс къоритæ куы ауыдтой, уæд Гарцо фæхъæр ласта. — Адийы бæх — Хъулон! — Æз дæр уый сдзуринаг уыдтæн! — ныццин ис Мæцци дæр. Барæг дæр йæ бæхы уынджы дæлæрдæм фæцарæзта, йæ уæлæ — хæстоны дарæстæ. — Сæ хæдзармæ лидзы! — сдзырдта та Гарцо. Лæппутæ фæтъæбæртт ластой Зæтинæты дуармæ. — Æввахс кæмдæр æрæнцадысты æмæ ралыгъди Хъулон, — дзырдта Гарцо. — Ныр, дам, йæ фæдыл Ади дæр куы фæзынд! — цин кодта Мæцци дæр. — Æмæ сæ хæстмæ иумæ акодтой? — афарста Гарцо. — Кæд нагъ. Хъуыды ма кæнын. Хæсты райдианы колхозы кæрты бæхты æвзæрстой æмæ сæ уыцы бон атардтой, Ади ма сæхимæ бирæ фæци... Дæлæ Хъулон Зæтинæты дуармæ æрлæууыд, бæхджын æй ныййæфта, æвзыста йæм йæ лæдзæгæй, йæ бæхы йыл-иу бас- къæрдта, йæ маст уæлæмæ абузта, уырыссагау æй æлгъыста. Хъулон-иу алыгъди, салдаты-иу йæ фæдыл асайдта æмæ та-иу кулдуры цур æрбамидæг. Уынджы фегуырди Зæтинæйы мад Мисæрæт æмæ салдатыл йæ къухтæ сцагъта. Лæппутæ уæдмæ пыххæццæ сты æмæ йын йæ ныхæстæ фехъуыстой; Мисæрæт барæгмæ уæлæмæ дзырдта: — Фæлæуу-ма, цы йæ хойыс? Æнхъæлыс, дæуæй æдылыдæр У? — фæлæ фæхъуыды кодта, барæг æй кæй не ’мбары æмæ Уьфыссагау йæ хъуыдытæ зæгъыныл афæлвæрдта: — Лошад г^вæритт не мозыт. Понимайт хузы чæлæвек не мозыт. Салдат æрурæдта йæ бæхы, æмæ лæппуты афарста: — Что она говорит? ’1 ^ах луг № 4, 1999 49
— Хозяин ево здеш жил, — загъта Мæцци. — Хозяин лоцД ди Ади. В колхозе на нем работал. 1 — Ах, вот оно что!! — салдат йæ цæнгтæ хæрдæад сæппæрста. — А я-то, дурак, думал, рассудка лишился. ОтсД да недалеко остановились, — ацамыдта хъæдырдæм. — Така смирный был всегда, а тут как рванулся!.. ,1 Мисæрæт бацыди бæхы цурмæ, йæ къух æм сивæзта, сдзыр! та йæм: | — Хъулон! Æгас цæуай. Кæцæй ма фæзындтæ? Куыд хо{| раирвæздтæ ацы æнæхаиры хæсты цæхæрæй? Куыд ма нæ ссард тай? 1 Рауади Мисæрæты кæртæй кæрдæджытæй хосгæнæг Уæзи цыма адæймаджы цурмæ цыди, уыйау тынгдæр æй цы зæгъый фæнды, уый кæй нæ зæгъдзæн, йæ цæсгом нæ бахъæцдзæн æмаа бæхы къæлæтхъуыр сæрфгæйæ, бафарста: | — Æмæ дæ хицау кæм ис? Адиимæ иумæ цæуылнæ фæзын] дыстут? 1 Салдат æрхызти, Мæцци æмæ Гарцомæ йæхи байста, бафар^ ста: — А конь колхозный или их собственный? ; Мæцци йын, куыд арæхсти, афтæ цыбырæй радзырдта Хъу- лоны хабæрттæ. Иуахæмы та хъæуы бын цигантæ æрæнцадыс- ты. Сæ бæхтæй иу зайгæ-зайын амард. Сидзæр байраджы ныу- уагътой быдыры. Ади йæ йæ хъæбысы схаста, хъуджы æхсырæй йæ аирвæзын кодта. Бинонтæй йæ алчидæр сабийау рæвдыдта, æмæ байраг æрмахуыр сси. Тагъд адынджыр, саргъ æвæрын дæр тагъд бауагъта. Уæрдоны рæтæнæгъдты æхсæнмæ дæр æнцонæй бацыди. Суанг хæсты райдианмæ Хъулоныл йæхæдæг фæкуыста Ади колхозы. ; Хъулоны хабар иннæ сыхтæм дæр айхъуысти, згъордтой сьцн гоймæгтæ, сывæллæттæ, цыма Адийæн йæхи уынынц, афта^ ныццин сты хайуаныл. >] — Ме ’гæрыл, мæнæ лæугæйæ куыд аззадтæн! — сдзырдта Мисæрæт, салдатмæ бауади. — Ти насæ гост, иди насæ домэе! — Мæцци æмæ Гарцойæн афæдзæхста: — Рахонут æй мидæмæ! Æртæ чъирийы ракæнон. Мæнæ диссæгтæ! — сыхаг устытæй иуы цонгыл фæхæцыд, æмæ кæрты фæмидæг сты. 1 Мæццийы зæрдæ та Зæтинæимæ дзырдта, ау, ацы цинæй на! фæхайджын уыдзæн? 1 — Гарцо, — сдзырдта Мæцци. — Зæтинаейыл мæ цæст нея ’рхæцыд. Ды йæ не ’руыдтай? 1 — Директоримæ хъæусоветырдæм фæцæрщыдысты. Æртык-1 каг урочы фæстæ. 50
Бирæ рæстæг нæ рауад, афтæ устытæй чидæр сдзырдта: — Уæлæ Зæтинæ æрцæуы! Сабитæ, рæвдздæр уæ чи азгъ- 0рдзæн. Хæрзæггурæггаг æм фæуæд уæ исчи. Науæд фæтæрсдзæн, нæ дуармæ цæйбæрц адæм ис, зæгъгæ. Сабитæ уынджы æртæйæ уæлæмæ азгъордтой, уалæ Гарцо- ты хæдзары раз фембæлдысты. Лæугæйæ сæм байхъуыста Зæтинæ æмæ разгъордта. Чызг куы æрхæццæ, уæд ын сыхæгтæ бæхы цурмæ фæндаг суæгъд кодтой. Зæтинæ ныццырддзаст ис, сабыр къахдзæфтæй цыди Хъулонмæ. Хызын йæ къухтæй фе- уæгъд æмæ зæххыл сæмбæлд. Бæх йæ сæр иу тылд фæкодта. Чызг æм йæ цæнгтæ сивæзта æмæ ныккуыдта. Ныр ын фадат фæци æмæ ныдздзынæзта, хæкъуырцц хæкъуырццы æййæфта. Иæхи тынг фидар хуыдта Мæцци, нæлгоймагыл кæуын нæ фи- дауы, зæгъгæ, хистæртæй уыцы ныхас арæх хъуыста. Ныр йæ цæссыгтæ фемæхстысты æмæ сæ æмбæхсгæ дæр нæ кодта. Иуфарс фæзылди Гарцр дæр, йæ къухы уæларм йæ цæстытæм схаста. Сылгоймæгтæ та уайдзæфтæ кæнынмæ фесты: — Зæтинæ, фæхъус у! Хуыцаумæ дын хъыг фæкæсдзæн. — Куыдтæтæ кæныс? Хъулоныл цин кæнын хъæуы. — Чидæр сдзырдта: — Бауадзут ма йæ, йæ фыды бирæ уарзы. Сыхаг устытæ Зæтинæйы цæнгтыл фæхæцыдысты æмæ йæ бæхы цурæй акодтой. — Мæнæ, чи никуы æрцыд, ахæм диссæгтæ! Кæсут-ма: бæх дæр йæ цæссыгтæ калы! — Мæцци айхъуыста Уæзийы хъæлæс æмæ Хъулонырдæм бакъахдзæфтæ кодта. Уыдзæн ма. 51
ДЗУЦЦА ТЫ Хадзы-Мурат УЫДТÆН ÆЗ МИЛУАНТÆЙ ИУ МЕ СТÆГДАР Искæд мын, дард искаед, ме стæгдар ахуыр-археолог куы сгара — Алæ-ма, зæгьгæ, ивгъуыд æнустæй кæй цахъхъæн, кæй кар уа? — Уавд иртасдзæн: уыдзæн мæ фæскъæбут нæмыгæй хуынкъ, — Уым-иу сæвæрдтой милуантæн дамбацайы уазал бырынкъ. Мæннæфехстой, фæлæ уым нæмыгæй хуынкъ маэнээн дæр ис, Уырдыгæй мæм цыдис милуанты хъаэрахст æмæ рис, — Арвмаэ-иу — уыцы иу ранмæ — ныдздзагъыр дæн эвдзынæг, Сусаэг-æргомæй-иу цаэссыг ныллæууыд таедзынæг. Æнæмæнг, уыдзысты мæ фæрсчытæ цъæлтæ, сæстытæ, Маэн нæнадтой, фæлæ — о уыцы удхæрттæ, рыстытæ!— Советон-гермайнаг, чекистон-фашистон цырыхъхъы мыхъхъытæй — кæцы мыл дзы не ’мбаэлд, — Уыдтæн-иу милуантæн — æназым мæгуыртæн — авз се ’мæнкъар, се ’мвæнд. Æнæмæнг, уыдзысты мæ уæнтæ, мæ астæуыстаэг хъил æмæ гуыбыр, 52
уыЙ — мæ цæстыты бадти . æрхæндаэг-ызды, мæ дзыхыл æвæрд уыд гуыдыр, уЕнэезынгæхастон сæ табæт мæ рагбонты рухсдзыд æнхъæлцтæн, — /Емæ сæ уæзæй, сæ уæззау зæу-зæуæй ныкъкъæлæт, ныкъкъæдздæн. Æнæмæнг, мæ уæнты гуыбыр æмæ хъилæй уыдтæн æз милуантæй иу, Æмæ, милуанты риутау, уыдзæн, æнæмæнг, мидæмæ хауд мæ риу, — Зæрдæ мидæмæ ласта йæхи царды тызмæг æмæ карзæй, хатт та Мæлæтонтасæй, æмæ риу дæр йæ фæдыл мидæмæ хаудта. Ахуыр-археолрг зæгъдзæн: "Деформацигонд стæгдар! Уæфарнфынæй, дмæн, æвæццæгæн, адæймаджы стæгдар схон«аэндæрнæй". Афтæмæй, ме стæгдарыл ме ’нусы гавччытæн уыдзæн æнцонæй ссарæн, Фагаэй уæлдайдæр — аенус-аэнустæм еу-додой æмæсараен. 1Ш 30.6 * * * Ацы мæзджыт — сарзта йæ уарзт. О, цы сылгоймаг уыд, цы сылгоймаг! Цы уæлдай у — уа йæм чырыстон æеи пысылмон уаг, — Кæй зæрдæмæ бацыд — æрдзонæй, рæдауæй, кæй зæрдæйы бацард, . 53
Уый баци йæ уацар, — бæллиццаг, тæхудиаг уацар! — Сæуарзтæй — кæрæдзийы уарзтæй — нæ зыдтой æнцой æмæ бафсис, Сæ уарзт сын — дунейы уæлахизты стырдæр уæлахиз. Сæ буæрттæ куы нал уой, уæддæр, дам, уа хъуамæ æнусон, Æгæрон, æвæугæ — йæ адджын æхсæв уа, йæ рухс бон, — Æмæ сси мæзджыт, æмæцæры, æрдхæрæйнаг — арв æмæ зæххæн, Сæттын æмæ хæлын нæ куымдта, нæ комы фыдæхæн. Æмæ йын кув, — цы уæлдай у — уа дæм чырыстон æви пысылмон уаг... 0, цы сылгоймагуыд, цы сылгоймаг! 1998. 07.07 * * * Мæнæ — угæрдæн — даргь-уæрæх, авд цæвæг æрлæууыдтæн йæ цуры, Æмæ — иу риуыгъд, стæй — дыууæ... Риуыгьд риуыгьды суры, суры. Сæх-сæххæтт, сæх-сæххæтт — æмæ айтынг и, сцырын мæ куыст, Ис ма арвы бын куыст — æмæ арвы бын нал и низ æмæ рыст. Ис мæ разы — уынын æй — Тыгьд, ис мæ разы Рæстæг, Нæй, сæ кæрон нæ зыны — никуыма, никуы æрæввахс, æрхаэстæг. Æз сæ разы цы дæн? Адæймаг, кæмæн ис райгуырд æмæ мæлæт, 54
уадз мæ сæрыл æнæвгьау дуне низ æмæ рыст кæлæд, уадз мæ царды мын ма уавд дуне фæллæйттæ-истæ, Уадз, фæлæ мын ис куыст, — айгæрддзынæн фæндæгтæ-уистæ Уырдæм, уырдæм... Æз басæтдзынæн Рæстæг, басæтдзынæн Тыгъд, Каед цæвæджы риуыгъд уа зæрдæйы риуыгъд! 1998.25.6 • * * Аллей уа, тротуар — асфальтæй лæгъз æмæ раст аемæ тар, Цыма æрдзæн хъаэбæр хъадаман — аллей уа, тротуар. Фавлæ уидæгтæ — омæ цы змæлдтытæ скодтой, цы гуыппытæ!— Сыскъуыдтой, сфастой асфальт — æмæ схæмпустаэ-спуситæ-скъуыппытæ, — Фæци, дам, дзæгьæлы айбæрц æхца æмæ айбæрц хъиамæт-фыдæбон!.. Æз та — йæ уындæй — рухсзæрдæ, рухсдзæсгом куыд нæуон, — Кавд нæ фæуиккой фыдамонд æмæ фыдвыдон, Асфальт чи кæны æмæ йыл чи цæуы, уыдон! 1998.18.07 АДÆМОН ЗАРÆГМÆ ГÆСГÆ Терчы фалейæ — Хуссар Ирыстон, цæгатаг ныхасæй — Къуыдары бæстæ! 55
Охх, мæ боныл, дæ лаеджыхъæдæй куыд баиртæстæ?! Охх, мæбоныл, гуырдзыйы хъуыры куыд аирвæзтæ?! Охх, мæбоныл, мæ царцйат диссаг, мæ хъаймæт риссаг — Къуыдары бæстæ! 1998.28.05 ПАРАДОКС Ам, цæгаты, куы дæн, хуссарæй мæ куы фæсырдтой, уаедæй — Цы у мæ цард? Фыдæбон, хъизæмар, дæдæй, Уæвын æнæрухс, æнæарт уаты — хуыдоны, хуыккомы, Фос дæр, сырд дæр æм барвæндæй нæкомы. Даргь, зымæгон æхсæв — уазал, мидæмæтон æмæбырс, — Æмæ сбады мæ улæфтæй мæ худыл, мæ боцъотыл чырс. Цы кæнон? Чи йæуарзы æцæгæй — нæ йæ хъæуынц уыдон, Уыдон арты дæр судзæнт, — дывыдон, æртвыдон, æвдвыдон... Уыдон хъуамæ йын уой æцæгæлон, сафинаг, риухæлд, Æмæнæхаты, æз тæригьæд нæ дæн, йæхæдаэг — тæригьавд. "Аппар æй!" — дзурынц мын, фæлæ нæ хауы мæнæй, Ис дзы хуссар, ис дзы цæгат, фæлæ дзы Ирыстон нæй. Нæй дзы, фæлæ йæ не ’ппарын, баззадтæн йемæ æмбастæй, 56 --
^æ иудадзыг масты ныхсын йæ мастæй. 1998.28.03 ЗЫНÆМÆÆНЦОН Плиты Грисæн Мæлæт, фаезындтæта мæнмæ, æнкьардæй-хъæлдзæгæй фæзындтæ, фæзындтæ та, — куыд зын дæ, куы, мæрдтæм цæуын, куыд зын дæ! Куы нæ фæдæн мæ кæнинаг, мæ дзуринаг, мæ куыстаг, Тындзын сыл æз, — кьуылымпы мæ кæны цыдæр æлгъыст уаг, — Нырма куы нæ суæгъд дæн мæ тæригьэвдтæн се уæзавй, сæ сау уаргъæй, Куы нæ сæ бафыстон нырма равдау æмæ уæззау аргьæй, ÆмæХуыцауы раз куы нæма дæн æз раст æмæ æнæфау, Куы нæма дæн æз ахсджиаг зæхх, дон æмæ уæлдæфау, Куы нæма цæуы, акæс-ма, цъæх дзæнæтмæ мæ фæндаг, Куы нæма у Ирыстон иу æмæ ирон — мæ фæндиаг, — 0, о, мæ фæндиаг, мæ фæндиаг куы нæма дæн, куы нæма дæн, Уавд мæм фыд-зæрдæты фæндиаг, мæ фыдæнаэн-фыддæрадæн, Мæлæт, цæмæн, цæмæн та мæм æнкъардæй-хъæлдзæгæй фæзындтæ, Фаезындтæта, — куыд зын дæ, куы, мæрдтæм цæуын, куыд зын дæ! Фаелæ куы фенон æз мæхи цæстæй æмæ бæстон куы баууæндон — Ныр сæххæст æмæ сæцæг и мæфарнбæллиц, мæ фарнвæндон, Мæ цинæй, ме ’хцонæй 57
æз дунеты парахатаей куы хынцон, Уаед, уавд - о, о! - куыд æнцон дæ, мæрдтæм цæуын, куыд æнцон! 1998.02.05 ВАВИЛОЙНАГ МÆСЫГ Скæсæнæй æрбафсæрстой Евфраты донбылгæрон уæрæх дæлвæзмæ, Ныджджих и алфæмбылай се схъæл фердæхтмæ, сæ хъал хъæлæсмæ: Ам, дам, иу сахар скæнæм, арвмæ, дам, сыскъæрæм иу мæсыг, иу! — Сусæг-æргомæй сæмидæгбадти, царди иблис-æвдиу, — Æмæ февнæлдтой, амайын байдыдтой агуыри-фыхдурæй, Тас сæм сæ туджы æртах дæр нæ уыди къæвда æмæ хурæй. Амадтой, кад æмæ ном, дам, скæнæм, скæнæм нæхицæн, Стæй, дам, æгас дуне суыдзæн нæхæтæн, нæцæрæн, нæхизæн... Хуыцау сæм фæкасти, фæкасти. Ай, дам, цыу? Иу адæм, иу æвзаг, иу сахар, иу мæсыг?! Уавд куыд хъуамæ уа дуне минхуызджын, минмырджын, минвæрсыг?! Ау, нæ мын зонынц ме ’гъдау?! Омæ куыд хъуамæ уай уа сæрхъæн, уа диттой! — Æмæ дын уыцы иу адæм хицæн æвзæгтыл дзурын байдыдтой, Æмæ сæ мæсыг — æрдæгамад — ’ ныппырх и, ныккалд, Фестад сæкад æгад, æгад. 58
фавлæ азтæ, æнустæ кæрæдзи ивтой æмæ иблис-æвдиу нæ уагъта йæ кæнон, /Емаэ амадтой иу ран, куы иннæ ран — хивæнд, кæрæф, æгæнон — Амадтой мæсгуытæ — арвмæ, скæной дуне се ’мæвзаг, се ’мæгъдау, Иу мæсыгон — сæ мæсыгон, æмæ ныггуыппæввонг, атомон срæмыгьдау, Алырдæм кодтой фаэстытæ æмæ скъуыдтæ Уыцы империйон, уыхерыйон мæсгуытæ, Сæрды цауд тæвды кæнæ зымæджы салд хъызты Хуыцауы фæндонæй хæлдысты, калдысты. Фæлæ иблис-æвдиу йæ кæнон кæм уагъта! Æмæ не ’нусы схъæл æмæхъалæй Советонтæ бавнæлдтой — лæгдыхæй, машинæйæ, галæй — Иу мæсыг амайынмæ — æндонбын, æндонкъул, бæрзонд æмæ сæрбæрзонд, Мах, дам, — зондджын, иннæтæсе ’ппæтдæр — æнæзонд. Мах алкæмæн дæр — дæнцæг. Хуыцау, дам, æвзæр куыста, Æмæ уартæ кæддæр цы дуне, цы адæймаг сфæлдыста, Уыдонæй мах ног дуне, ног адæймаг скæндзыстæм, Мах, дам, алкæмæй дæр, алцæмæй дæр хуыздæр ыстæм! гъемæ, гье уымæн 59
Хуыцауы раппæрстам, ныххавдмæл кæмдæр, куыдзау Мах, дам, нæхавдæг — кæмдæриддæр — Хицау æмæ Хуыцау! Æмæ фæлдыстой иу адæм, иу сахар, иу мæсыг, иу æвзаг, — Æмæ-иу сулæфыд иблис-æвдиу авхсызгон йæ риуыдзаг. Мах, дам, нæ мæсыг амайæм фидæнæн, гьемæ, дам, гъемæ, дам, Адæмтæй ал кæй дæр скæндзыстæм не ’мæвзаг, не ’мсахар, не ’ммæсыг, не ’мадæм! Сырх мæсыг — сайдта милуанты æхсырф æмæ дзæбуджы фæлгонцæй, Æцæгæй — сырх уыди милуанты æназым, тæригьавддаг туг æмæ рондзæй. Амай сырх мæсыг — науæд ахст, æхст кæнæ хаст, Цæвы дæ, æргæвды — ма ску, ма ныккæн цъæхахст, Де ’взаг нæ рох кæныс — ай дын тыхми, Амай сырх мæсыг — сæрибар кæм и?! Сырх мæсыг — фæстагмæ бынтондæр ныссырх и, ныцци сырх-сырхид, Чи-иу æм фемдзаст авддейæ, дардæй дæр — тасæй-иу акалд йæ сурхид... Хуыцау сæм фæкасти, фæкасти. Ай, дам, цы у?! Иу адæм, иу æвзаг, иу сахар, иу мæсыг?! Уавд куыд хъуамæ уа дуне минхуызджын, минмырджын, минвæрсыг?! Ау, нæма зонынц ме ’гьдау?! Омæ куыд хъуамæ уай 60
уа сæрхъæн, уа диттой! — ^мæдыниуафон мигътæ сæ сæрмæ æмбырд кæнын байдыдтой, Æмæ сæ мæсыг — æрдæгамад — ныппырх и, ныккалд, фестад сæ кад æгад, æгад. Амæй фæстæмæ ма исчи — хæларæй уа æви хæрамаей уа — Искуы, кæмдæр империйон, уыхерыион маесыг куы амайа — Бур уа æви сау, цъæх уа æви сырх, — 0 Хуыцау, ныппырх-иу æй кæн, ныппырх! 1998.2106 61
СИТОХА ТЫ Саламдже^ ЦУАНОНЫ РАДЗЫРДТÆЙ або дæсны цуанон уыдис йæ рæстæджы. Цы комæА цы хохæй нæ ракасти, æвæццæгæн, ахæм н а | баззади. Стæм хатт-иу æрыздæхт сæхимæ афтл! дармæй. Иннæ цуанæттæн-иу сæ къухы куы ницы бафтыд, уæд\ иу загътой: "Ауылты мах размæ Къабо ацыд, цыдæриддæр $ уæддæр". \ Къабойыл ныр дæс æмæ æртиссæдз азмæ æввахс цæуы, фæлз\ ма уæддæр цæрдæг у, йæ цæстытæ уыцы цæхæрдзаст сты. Гъ^ æрмæст чысыл къуылых цæуы, æмæ йæ уый батыхсын кæнй Къуылых дæр цуанкæнгæйæ фæци. Кæддæр арсимæ хъæбысхæа фесты, æмæ йын иæ къах къæдзæхыл ныццавта. Хъамайæ амар& та арсы. »| Зæронд цуанон мын иу сæрдыгон изæр радзырдта æртæ хщ бары, сæ дуармæ тæгæр бæласы бын куы бадтыстæм, уæд. ЦАДЫБЫЛ Сæрд фæззæгмæ фæцæйхæццæ кодта. Арв цыма дуцгæ хъ)| уыди, уыйау сæрд-сæрдыдæргъы йæхиуыл нæ бацауæрста. Ньи та... Раст цыма хуыскъ баци. Ш Ахæм рæстæг хорз у цуаны цæуын. Æмæ æз дæр иу бс| мæхи хъæдбынмæ айстон. Фæразил-базил кодтон, фæлæ нищ æуыл фæхæст дæн. Дæргъæццон цадырдæм мæ фæндаг адард тон. Иу ран тæккæ былгæрон мæ цæст æрхæцыд дыууæ хъæддЦ хъазыл. Сæ иу донæй рахызт æмæ йæ бумбули сыгъдæг кодЯ йæ бырынкъæй. Æз хæстæг бахъуызыдтæн. Дыууæхстон -сисш тыгътон æмæ ныхъхъавыдтæн. Ныццарыдта гæрах. Кæсын МШ амæд-дагмæ æмæ джихауæй аззадтæн: хъазы æккой бад’Я цавæрдæр гæдыйы лæппын! 62
Хъаз удаистæй ныхъхъа-хъа кодта. Иуцъус размæ азгъорд- та, йæ базыртæ тилгæ, стæй йæхи хæрдмæ систа. Иннæ. хъаз дæр йæ фæдыл. Уыцы æнæнхъæлæджы цау мæм афтæ диссаг фæкаст, æмæ мын æхсызгон уыди, хъаз кæй нæ фæцæф, кæй нæ фæмард, уый. Уæвгæ йæ зыдтон, кæй йæ нæ сæргъæвдзынæн, уый: æгæр дæрддзæф лæууыдтæн, зды йæм нæ бахæццæ уыдзæн... Хъазтæ цады сæрты атахтысты быдырырдæм. Сау гæдыйы дæппын ма суанг дардæй дæр дзæбæх зынди урс хъазы æккойæ. /Ез бацыдтæн, хъазтæ кæм уыдысты, уырдæм. Æваст къу- дзийы бынæй агæпп ласта урс егъау гæды дыууæ сау лæппы- нимæ. Гæды æрцахсынмæ хъавыд хъазы, фæлæ йæ æз бахъыг- дардтон. Гæрахæй фæтарстысты мад æмæ йæ лæппынтæ. Сæ иу, æвæццæгæн, фырадæргæй цы акодтаид, уый нал зыдта æмæ хъазы æккой фегуырд... Уыцы рæстæг колхозонтæ къахтой картоф æмæ, уыцы æна- хуыр ныв куы федтой, уæд хæлиудзыхæй аззадысты. Хъазтæ тахтысты ныллæджыты. Адæмæй чидæр фæцырд, хъазтыл йæ худ хæрдмæ сыхста. Лæппын гæды фæныфсджын, адæмы ауынгæйæ, æмæ рагæпп ласта хъазы рагъæй. Йæхи ныц- цавта. Суры хуызæн фæци, нал змæлд. Куы ’рчъицыдта, уæд æй быдырон станмæ бахастой. Бафсæстой йæ æхсыр æмæ фы- дызгъæлæй. Иу бон бафтыдтæн станмæ. Гæдыйы лæппын бадти рудзын- джы тæрхæгыл æмæ фæззыгон хурмæ йæхи тавта. Æз æм бирæ фæкастæн, стæй йæм бавналынмæ куыд хъавыдтæн, афтæ фæпыхцыл. Багæпп кодта сынтæгмæ, уырдыгæй — пъолмæ æмæ мæм дуаргæронæй нымдзаст. Йæ цæстæнгас уыд уазал æмæ тызмæгхуыз, цыма мын афтæ зæгъынмæ хъавыд: "Ды мæ фаехицæн кодтай мæ бинонтæй". ФÆДТÆ Æртæйæ сæумæцъæхæй араст стæм цуаны. Хъæугæрон ног- Уард митыл федтам æнахуыр фæдтæ. Никуы нæ ничи сæмбæлд ныронг ахæмтыл. Фæдтæ уыдысты дисныйы дæргъæнтæ, хъæбы- ^ырдыгæй сын — ставд дзæмбытæ. Цæуæм сæ фæд-фæд. Диссæгтæ: кæд æмæ бахæццæ стæм кæройнаг уынджы иу ХагДзармæ! Уым царди фосы дохтыр Барысби. Æнхъæл ^ЬгДыстæм, зæгъгæ, æнахуыр сырд бахъуызыд скъæтмæ. Сагъæс ^°Дтам, дарддæр цы кæнæм, ууыл. Уалынмæ кæсæм, æмæ тыргъ- Тьг Дуар байгом, æмæ дзы рахызт иу чидæр. Нæ цурмæ куы 63
рахæццæ, уæд разындис хуытæдарæн фермæйы æхсæвгæс Бр га. Мах куы ауыдта, уæд афарста: — Кæцытæ стут? . , — Мах стæм! — дзуапп радтон æз æмæ йæм хæстæгдæ{ бацыдтæн. — Ам цы ми кæнут, Къабо, ацафон? — Цуаны рацыдыстæм. ^ Уый йæ къухтæ фæхъил кодта: § — Æмæ ам, хъæуы... I — Мæнæ ардæм цыдæр æнахуыр сырды фæд æрбацыд. Дæлае| ма йæм кæс, митмæ йын ацамыдтон. - ? Фæдтæм æркæсгæйæ Брега йæ хъæлæсыдзаг ныххудти: \ — Уыдон мæ фæдтæ сты! Знон мæ батинкæтæ ныххуылыд* сты. Æз дæр сæ пецы сæр хус кæнынмæ сæвæрдтон. Мæхæдæз мæхи æруагътон сынтæгь л æмæ арæдзæ-мæдзæ кодтон! Иурæстæг сыгъды тæфмæ фехъал дæн. Бауадтæн пецмæ, æма| дæ фыдгул афтæ, — бакъæй сты батинкæтæ. .Уыцы рæстæг мае хъустыл ауад хуыйы нæтын Кæсын, æмæ дзæргъытæй иу ра^ тул-батул кæны. Згъорын хъæуы Барысбимæ, æндæр гæнæн нал уыд. Фæлæ... Мæ къæхтыл нь р цы акæнон? Æмæ æз мæ цæрмый æрмкъухтæн кардæй сæ уæлфæдтæ се ’мбисмæ афастон. Атъы^ стон дзы мæ къæхтæ. Æмæ.. \ — 0, Хуыцау дын ма уа! ,! Уæдмæ Барысби дæр рауад хæдзарæй. Йæ "Жигули" скусын кодта. Брега абадти йæ фарсмæ, æмæ атындзыдтой фермæмае| Мах дæр нæ фæндаг хъæдырдæм адардтам. СÆГУЫТЫ ЛÆППЫН Сæрдыгон бон. Хъæдмæ хъæдуры хъилтæм ацыдтæн. М хæрæджы æрдузы хизгæ ныууагътон, мæхæдæг æхсæрбынм араст дæн æд фæрæт. Сæумæрайсом хъæд уæлдай рæсугъддæя вæййы. Мæргътæ цин фæкæнынц ног боны æрцыдыл æмæ зщ рынæй нал фефсæдынц. Сырдтæ дæр хурварсмæ сæхи айсыни æмæ фæхъазынц сæ лæппынтимæ. Гъе, æрмæст уыдон сæ циа февдисынц æнæуæлдай уынæрæй, кæм сты, уый хъуамæ мачи зонэд Мæргъты зарын, цъыбар-цъыбур тынгæй-тынгдæр кодти Æцæг æмбисонд та гугукгæнджытæ фесты. Иурæстæг, мæ фал! фæрв талайыл цы гугукгæнаг бадти, уый, мæн ауынгæйа! фæхъус. Диссаг! Иннæтæ дæр цæмæндæр ныссабыр сты, кæ! сын йæ уасынæй бамбарын кодта: æввахс чйдæр ис, фыдбьЯ лызæй тæссаг у!.. 1 64 ;1
Мæ размæ цалдæр æмраст талайы фæци. Сæ иуыл фæрæт ^еруадзынмæ куыд хъавыдтæн, афтæ мæ хъустыл ауади цыдæр хъист-хъист. Фæкастæн уыцырдæм æмæ æрхы фаллаг фарс къутæрты кæрон ауыдтон дыууæ чысыл къæбылайы. Æз æрæмбæхстæн мыртгæ бæласы фæстæ. Уайтагъд сæ базыдтон: уыдысты бирæгъы лæппынтæ. Хъазынæй æфсис нал зыдтой. Куы-иу сæ иу фæфæлдæхт уæлгоммæ, куы — иннæ. Иуахæмы мæ цæстытыл нал æууæндыдтæн, сæ цурмæ къутæртæй сæгуы- ты лæппын куы ратахт, уæд. Уый дæр фæндыд хъазын, фæлæ семæ нæ арæхст. Къуыбырхъусы цотæй-иу исчи йæ цуры куы фæуæлгоммæ, уæд-иу æм уый бынмæ нымдзаст, йæ раззаг къах зæххыл æрхойгæйæ. "Куыд æгъдауæй баиу семæ сæгуыты лæппын?" Уыцы хъуы- ды мын æнцой нал лæвæрдта. Стæй мæ зæрдыл æрлæууыд, а- уалдзæг мын мæ зонгæ хъæдгæс цы хабар ракодта, уый. Уалдзыгон цуан кæныны бар нæй. Фæлæ иу æгæнон лæг уый пицæмæ æрдардта. Амардта мадæл сæгуыты. Баззад ын дыууæ лæппыны. Йæ фæздонæй бæрæг уыди. Фыдгæнæг баййæфта æфхæрд. Лæппынты ма фæцагуырдта хъæдгæс, фæлæ сыл нал фæхæст. Чи зоны, сæ иу тугдзых сырды амæддаг баци, науæд искуы амард æххормагæй, далæ иннæ та æрбафтыд ардæм æмæ мæнæ бирæгъы лæппынтимæ балымæн. «Ау, æмæ йын мадæл бирæгъ куыд ницы кодта? Æвæццæгæн, тынг æфсæст уыди уæд, стæй йыл сабыргай фæцахуыр æмæ йæм нал бавнæлдта». Ахæм хъуыдытæ зилдух кодтой мæ сæры, фæлæ иуафон æндахы хæлттау æваст фескъуыдысты, мадæл бирæгъ сæ цурмæ куы бацыд, уæд. Лæппынтæ йыл амбырд сты, схъиу-хъиу код- той. Бирæгъ афæлгæсыд фæйнæрдæм, стæй йæ галиу фарсыл æрхуыссыд. Лæппынтæ фæдджытæм фæлæбурдтой. Уæд сæгуы- ты лæппын дæр базгъордта æмæ се ’хсæн йæхи фæцавта. Мæнмæ диссаг куыд нæ фæкасти уыцы ныв! Иннæмæй та зæххыскъуыды куы ныххаудтаин, уæд мын æнцондæр уыдаид. Лдæймаг разынд æвирхъау æгъатыр, амардта сæгуыты мады, ^емæ йæ ныр бирæгъ хæссы! Мах тугдзых кæй хонæм, уыцы Цъæх бирæгъ! Æз мæхи айстон уырдыгæй. Уæдæй фæстæмæ, ныр дæс азы баерц, мæн цуаны ацæугæ ничиуал федта... Мах луг № 4, 1999 65
КОКОЙТЫЭльзæ БАЗЫРПЫРХ БАХИЗ МÆДÆХИЦÆЙ... Цæуын. Фод æгьгъæд мын Амайын мæнг асинтæ. Цæуын! Фод æгьгъæд мын Мæнг æфсæнттæй Цæрын. Цæуын. Æз мæрдтæм Нæ бафсæдин Дæууарзынæй. Фæлæ — Цæуын, цæуын. Хизын дæ Мæхицæй дæр, Мæуарзтæй дæр. Æрмæст иу ныхас Дæ зæрдыл Бадар: Адцжын маргхъæстæ Нуазæн Мæнæн Ды бадардтай! Æви?.. Ды бадардтай, Ды! 66
ГИТАРÆ Романс Кæцæйдæр мæм дымгæ, Кæцæйдæр мæм дымгæ Гитарæйы кæуын Йæтæрттыхæссы. Гитарæ, гитарæ! Цы кæныс? Цæуыл у Дæкатай, дæзын? Гитарæ, гитарæ, Зæгь-ма мын, гитарæ, Зæгь-ма мын дæ зынтæ, Дæ рыст æмæ маст. Мæнау кæд дæуæн дæр Дæ зæрдæ фæхъæн ис? Мæнау кæд дæуæн дæр Дæбазырусаст?.. Гитарæйы зарæг — Гитарæйыхъарæг... Гитарæйы хъистæ Мæ удау кæуынц. Хуылыдз арвыл мигьтæ, Хуылыдз арвыл мигътæ Цадæггай кæдæмдæр Æнкъардæй лæсынц. Гитарæ, гитарæ, Æрвонхъис гитарæ, Мæ удау, кæд зоны Хæкъуырццæй кæуын?.. Гитарæ... Зæгь-ма мын, дæуæн та 67
Дæ хуылфы цы маст ис, Цы ’фсонæй дæуæн та Дæ хъæлæс кæуы? Дæуæн дæр мæ хуызæн Дæ зæрдæ ысласт ис?.. Бæлæсты сыфтæртыл Æртæхтæ зæбултæй, Æртæхтæн зæбултæй У зæхмæ сæ хауд. Мæнау кавд дæ риуы Фыдызнаджы къухæй Ныссасти цыргъ кард? Гитарæ, гитарæ, Ды уым дæ, Æз ам дæн. Æрцу ма, гитарæ, Æрцу махъæмæ... О, кæднæуæд мæм дымгæ Дæ куыды цъæл зæлтæ, Дæ куыды цъæл зæлтæ Ыскъæфымæнмæ... Гитарæ, гитарæ, Æндонхъис гитарæ, Мæ къона гитарæ, Мыййаг, кæд мæ удæй Кæуыс?! 1996 аз, Дзæуджыхъæу * * * Нал ис мæзæрдæйы рухсы ’ртау, Рухсытын нал и. Ме знæт ыссæст риуы Удхайраг сагьæс ысмал и. Салд мит хырызæй ныхъхъæбæр ис Бæлæсты хихтыл.
Утæхсæн цоппайы тары аэрхæндæгау Хитын. Цу ды! Нæдæмдзурын. Бар дæм цы бадарон, — Уый дæр нæ зонын. Макуал æрыздæх, Дæ фæндаг кæм фæсаджил... Уа хорз дæ Курын. Ме знæт — мæ сабыр хо, Иунæджы аууонау, Мемææмзаэрдæ. Уый у мæталынг къæс, Уый у мæ хибар уат — Тарылæзæры. Тымыгь, дæрзæгтымыгъ Мит хъæпæн амайы Митæмбæрзт кæмтты. Зæрдæ ныууæззау, ныкькъуытты, Ныддæвдæг и Удмар стьæлфты. Хатгай фæфæнды æууæндын цæуылдæрты... Зæрдæ?! Зæрдæ! Тары аврхæндавг лæбыры мæ фæрсагыл Саугуырм изæрты... Сабыр, æдзæм сабыр, Хибары аууонау. Талынг къæс мемæ аэмзæрдæ. Ам ис мæкатай, мæцин Æмæмæуды рыст, Сайгæузæлды... 69
* * * Ме ’мыр æмдзæвгæйы Æмыр рæнхъытыл Лæдæрсы мæ ризгæ æмыр цæссыг. Тар æрхуымæй лæбыры Мæ рудзынджы бынты Æмæ мын мæ риумæ Цыдæр æнахуыр, Æнæуынгæ тас хæссы. Æрлæсы мæ буарыл. Миты тæлфаг тьыфылтæ Расхьиуынц æхсæвы тарæй. Сæхи æрбайсынц мæ рухсмæ. Мæ фæрсаджы авг та — их уазал! Нылхьивы сæ рухс йæ ихуазал риумæ. Уад фезнæт вæййы ноджы, Ныздухы йæхи салд авджы буарыл, Цыма миты тъыфылты фæисы фæстæмæ. Уыдон фæстæмæ нæ комынц. Уад йæхи фехсы Бæласы хихджын хъæбысмæ. Бæласы митзæу-зæу цæнгтæн Ыссæуы сæ къæс-къæс. Уад нал фæары йæхицæн бынат, Ыстонг сидзæргæс бираэгьау ниуы... Мæ рудзынджы салд авгыл Æндæгьд миты тъыфылтæ та Кæсынц сæрыстырæй, Уæлахизхон сæрыстырæй. Мæ фæрсаджы рухс Ихуазал, ихуазал. Мæриудæр... 1996 и?.. Знæт мæ зæрдæйы малы Тауы ’рхæндаэг йæ хыз. Тар авдзæм тар æддейы, Митдæрзæгу, хырыз.
Уазал фæрсæгтыл хилы, Куры: бауадз мæ, цæй! Уый бынтондæр нæ зоны — Хъарм мæ къæсы дæр нæй... Уæлдæф уазал авнуды У бæзджын ’мæ уæззау. Их нызгьæлæн мæ быны — У дæлдонгонд мæ нау. Знæт мæ заэрдæйы арфы Тауы ’рхæндæг йæхыз. Уый дæ судзгæ цæстытæй Кæд мæхи сайдтон æз?.. Цу! Мæн нал хъæуы ницы. Уæд цы домон дæуæй?.. Мигьвæздæг æхгæны мæ дуне Фæлмæй. Базырпырх мæргьтæн арвы Ирд цъæх тыгъдад æхгæд. Уый дæ судзгæ цæстытæй Æз мæхи сайдтон кæд?.. ФÆЗЗÆГ Ныллæзæрди мызыхъ тулдзæн Йæ цъæх пæлæз. Фæззыгон хъызт.*. Цы домдæуа, Кæмифæрæз?.. Зыр-зыргаэнæг уырыд сыфтæ Кæуынц, кæлынц. Бæрзонд бæласæй сау зæхмæ Тымбыл кæнынц. У арв æхгæд. Нæ зыны хур, Нымбæхст кæмдæр. Хъуынтъыз мигьтæ уæззау дымстæй Лæсынцбындæр. 71
Хуылыдз дымгæ уымæл армæй Саэрфы мæ авг. У бон æнкъард. У дуне ’нкъард. Цæстдзыд — мæ равг. 1997 72
ЧЕДЖЕМТЫГеор ФАРНЫ КАДÆГ Раджы уыдаид, æвæццæгæн, ацы цау: Адæм ма лæгæтты талынджы цардысты. Арвмæ-иу сидтысты: «Ракæс нæм, о Хуыцау! Махæн нæ мæлинаг удтæ дæ бар ысты. Систам дæ номыл та, уæй табу, ацы зард: Мах дæ нæ сайдзыстæм кувынæй, кадджытаэй. 0, фæлæ ратт нын дæ зæххыл фæрныджы цард. Ракур нын амæндтæзæдтæ ’мæ дауджытæй. Кувдзыстæм алы сæумæйы дæ дзæбæхмæ, — Махæн нæ уадындз-хьæлæстæ куыд арæхсой. Равзæрæм сау зæххыл, ацæуæм сау зæхмæ: Курæм дæ, Стыр Хуыцау, ратт нын дæ зæххы сой. Цардæй мæлæты ’хсæн райтынг и стыр быцæу — Оххай, фæмæлæм дын стонг æмæ удхарæй...» Адæмы рис æмæ катайæ Стыр Хуыцау Йе стыр сыгьдæг цæссыг асæрфта æврагьæй. Арвæн йæ фæтæнтæм, арвæн йæ нарджытæм Арвыста Стыр Хуыцау зæдтæ ’мæ дауджытæм. Уайтагьд фæзындысты цирхъ æмæ уартджынтæ — Зæдтæ ’мæ дауджытæ! — арвы сырх барджытæ: Хордæттæг Уацилла, фоодæттæг Фæлвæра, Бæлццæтты хъахьхъæнæг сыгъзæрин Уастырджы. Стыр Хуыцау зæдтæн йæ нуазæн куыд аваэрдта, Афтæта, мæнæ, æрвон цалдаэр барæджы! 73
«Фарн уæд уæ куывды!» — ысдзырдта Куырдалаегон, Райста Хуыцауы къух, арфæтæ кæнгæйæ, Зæдтæм куыд раздæхти, афтæ дын Галæгон Гъæйтг-мардзæ, зæгьгæ, æргæпп ласта Дымгæйæ. Уарзон фæлмæн ныхас ацайдагь дауджытæн, Дзуры Бæрзонд Хуыцау ахадгæхъæлæсæй: «Ме сфæлдыст дунейы Адæймаг — кадджындæр!— Афтæмæй сæфы æххормаг, æваэгæсæй. Хатын уæм, рухс заедтæ, курын уæ, дауджытæ, Исты фæрныджы мын бацæут адæмæн. Ацы стыр дунейы иннæтæй хъауджыдæр Фарны дзаебæхдзинад агурын адонæн. Айхъусут-ма цæм дæларв бæстæм гъеныр дæр: Хъуысынц сæ зарджытæ, хъуысынц сæ хъарджытæ.» «Афонмæдæр нæм фæсидтаис фенынмæ!» — Схор-хор дын кодтой зæринбазыр дауджытæ. «Абоны фарнæй уæнт хайджын дæларвонтæ! — Загьта Куырдалæгон, — фæлæ цын, æйтг-мардзæ, Райсом аефсаен дзывыр хурыскаст афонты Бахсидон хъуамæ мæ сæгæйдзаг куырдадзы!» «О, Хуыцау! — дзуры цæстæй худгæУастырджы, — Афонмæ дæр нæм фæкодтаис хурвавдис: Фарны фыццаг къахдзæф адæмы хъуыддаджы Чи скæндзæн, уыцы завд — мæнæ дæ цуры ис!» «Махдæр дæзавдтæстæм, — иуварсæй райхъуысы, — Цауддæр куыд хъуамæ уæм иннæтæй хъауджыдæр?!» Бахудт Бæрзонд Хуыцау æмæ йæ хъæбысы Иугай фæкодта уым завдтæ ’мæ дауджыты. Загьта ма: «Алы хьуыддагæн дæр райдиан ис — Адæмы бафтаут цардæфсис фæндагыл. Абон мæ зæрдæмæ цас рухс æрбакалдис, Уас цин æрцæуавд мæ алкæцы бардуагыл!» Чи зоны, цас ма фæцин кодта дауджытыл Иунæг Бæрзонд Хуыцау, гъе фæлæуалынджы
Райхъуыст фæндарасты илаэлээй-зарджытæ: Арвыл фæтæхынц цæхæркалгæ барджытæ... Галдзæст Куырдалæгон фездæхт йæ куырдадзмæ: Арвы нæрынау — йæтаппуазы цæлхъытæ. Хурыскаст абонмæ — æйдæ-гъа! йамардзæ! — Ацæттæ ’фсаэн дзывыр, ратылд йæ цæлхытыл. Уарпы бæрзондыл æй равæрдтой барджынæй Хорээлдар, Хорали, Уацилла, Уастырджы, Райсомы зæдтæ ’мæ изæры дауджытæ, Ноджы ма Йелйатæй иуцалдæр уаз лэеджы. Нарты хæрзæджытæ заргæ фæзындысты: Сагтæ æрбаскъæрдтой Сау Хохы нарджытæй. Рагæй дæр зæдтимæ Нартæ æмвынг ысты, — Алы хъуыддаджы дæр разынынц кадджынээй. Сагбæхты сифтыгътой дауджыты амындæй, Уадындз-хъæлæсæй та зарæг ныццæлхъ ластой: «О, Хуыцау, ракæс нæм — ратт нын дæ амæндтæй, — Сау зæххæй исын куыд базонæм фарны сой!» Сагтæ фæсонт ысты — ракафынц нæуудзарыл, Дзывырмæ ракæсынц тарст цæсты урсытаэй. Нарты Сослан сыл бæрз уисæй æрæндзары! — Сагтæ йæм февзидынц къалиуджын бур сытæй. Ахæцынц алырдæм ифтыгьд дыууæ саджы, Гъе стаэй Дзæгъæл коммæ сонтээй ныййарц ысты! Бамбæрстой зæдтæ: нæ баэззынц сæ хъуыддаджы — Алы хуымгæнæнты удхараэй мардзысты... Нартаэй ма, оххай, каэй æвдаэлы зарынмæ! Завдтæ даэр къулсаэраэй сабыр лæууыдысты, Тутырты райгуыргæ сау галтæ уалынмæ Завдтæм сæхи къахаэй уасгæ аэрцыдысты! Сау галтæ — урс раэгьтæ, сиутыл — сырх æндæхтæ, Нарты Уырызмаэг цын й ’армаэй цæхх бадардта; Сифтыгьта галты ’мæУарпы фæтæн раэгьтыл, Гъаэйтт-мардзæ, заэгьгæ, аэрвон дзывыр адардта. 75
Сызгъæрин Уастырджы, табу йæхицæн уавд, Сау зæххыл раскъæры тауинаг хоры зæй, О, Хуыцау! Адæмæн фарны хос басгуыхæд, Зæгьгæ, ныззарыд йæ диссаджы хъæлæсæй. АрвынæрынгæнæгУацилла — хурдзæстыг Арвмæрзæн уисойæ ног хуымгæнд баласта, Дымгæйы барцыл æм барвыста мигъы стыг: Зæххæн йæ дойны цъæх æртæхæй басаста. Хуымгæнды алыварс зæдтæ ’мæ дауджытæ Хор-хоры арфæтæдзургæ куыд зылдысты, Афтæ уæллаг Нарты хурдзæсгом чызджытæ, «Ой, алай»заргæ, æдхуынтæфæзындысты. Дауджыты фенынмæ адæм фæуадысты, Хастой нывондæгтæ — бурæ нæл далыстæ, Нарты гуыппырсарты рæгъыл æрбадтысты, Зæдты зæрин рухсмæхинымæр радысты. Фынгтææртасынцæлутон, мыдамæстæй, Нарты куывды хъæр уæларвмæ æххæсыди. Арвæй цæм ракастБæрзондХуыцаудзагцæстæй, Урс мигьы цъуппæй цæм хурау фæлгæсыди... ...Баззад фыдæлтæй æмбисондæн ахæм цау: Хортæ, дам, уыцы аз тугыл ыскъуыдысты, — Афтæ нæ фæллой дæр басгуыхæд, о, Хуыцау! — Махæн нæ цæринаг удтæ дæ бар ысты. Чи хъуыста ацы фыдæлтыккон кадæгмæ — Хорз уыл æрцæуæд, фæцæрут мын фарнимæ, Кувын цы фæразат кад æмæ радимæ Алы хуыцауæхсæв Бæрзондыл Бадæгмæ!.. '"ЪьтОУ 76
МЫСИНÆГТÆ БЕСА ТЫ Тазе МÆХИСТÆРÆМБАЛ литературон æхсæнад, фæллойгæнæг дзыллæтæ ка- димæ мысыдысты ирон зынгæ поэт Нигеры (Дза- найты Уасилы фырт Иваны) райгуырды æхсай азы сæххæсты бон. Поэты ном æрæмысыны фæдыл кадджын æмбырд уыдис Орджоникидзейы горæты центрон библиотекæйы дæр. Уырдæм æрцыдысты Нигеры зонгæтæ, йе ’мгæрттæ, йе сфæлды- стад ын зæрдæйæ чи уарзта, ахæмтæ. Лдæмы фæндыд, поэты хорз чи зыдта, уыцы æмбæлтты мы- синæгтæм байхъусын. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы æмбырды радзурын мæ хæс уыди. Иваны æз мæхицæн зынаргъ хистæр æмбалыл нымадтон, бирæ азты хæларæй фæцардыстæм, никуы ницы æмбæхстам кæрæдзийæ. Фæлæ мæм зæрдæ сдзырдта: «Цымæ уый йæхæдæг, мæ бы- паты уæвгæйæ, йæхи куыд дарид? Æнæ раздæр бацæттæ кæнгæйæ, æвиппайды схизид трибунæмæ?» Нæ! Хуымæтæджы, æрмæст хи равдисыны тыххæй уый дзырды бар йæхимæ никуы райстаид. Æнæууылд, æнæрхъуыды ныхас дзы никуы сирвæз- таид. Мæ хъустыл ауадысты, поэт арæх дзураг кæй уыдис, йæ уыцы ныхæстæ: «Æмбырды радзурыны дæр æгъдау æмæ æфсарм ис. Хъуамæ ногæй, диссагæй исты зæгъай, иннæ æмбæлттæ кæй иæма загътой. Гъе æндæра, нæмыг кæцæй нæ хауа, уыцы хъæмп Цæгъдын, най кæнын цæмæн хъæуы!..» Бæгуыдæр, ахæм уыди Нигер: бонзонгæ, æнæ исты стыр Лзырд. Мæнæ иуæй-иутæ аууонæй бæрæг ранмæ куыд фæтыр- 11ынц, бадгæйæ мæ нæ уынынц æмæ сыстон, зæгъгæ, æнæ ]{стæмæй «ном» æмæ «кадмæ» чи фæбæллы, ахæмтæй к&ддæриддæр дардмæ ласта йæхи. Æмбырды уæвгæйæ-иу уый хъуамæ сбадтаид искуы фæс- 77
къуым, фæсаууон; хиуыл хæцын, хи уромын зыдта. Фге/лæ-иу^ искуы йæхимæ хъуыддаджы ныхас райста, зæгъгæ, уæд та-иу химидæг сфыхтис, цавæрдæр арф хъуыдыты-иу аныгъуылдис, чысыл-иу схуыфыдис æмæ-иу загътаид: «Мæнмæ афтæ кæсы».. «Æз афтæ хъуыды кæнын»... Æцæгдæр, уый кæддæриддæр дзырдта, хъуыддаг-иу куыд æмбæрста, куыд-иу æм кастис, афтæ. Уæлæнгайæ искæй фарс радзура, ие та искæй ныхмæ рацæуа, уый йæм никуы уыдис. Нигеры мысæн изæр æз ницы радзырдтон. Мæ ныфс нæ бахастон: уымæн фаг æмæ аккаг аргъ скæныны тыххæй цы хорз ныхæстæ зæгъын хъæуы, уыдон куы нæ ссарон, уымæй тæрсгæйæ. Мæ хъуыдытæ мæ семæ ахастой нæ хохбæстæм, кæддæр, иуæндæс-дыууадæсаздзыд лæппуйæ фыццагдæр хатт Нигеры ном кæм фехъуыстон, уырдæм. НОГ ЗАРÆГ Дыгургомы — Фæснæлæй Фæрæскъæтты астæу хуссарварс ис чысыл хъæу Мастинокæ. Йæ бынмæ дæлиау арф комы згъо- ры Æрæфы дон, йæ сæрмæ гæрæмау хæстæг лæууынц Урс хохы фæхстæ, йæ комкоммæ тæлыйау æрзылдысты æмæ арвмæ фæцы- дысты æгомыг, сæ цъуппытыл æнусон цъититæ кæмæн никуы стайынц, уыцы сау хæхтæ. Хъæуæн йæ алыварс — хуымтæ, уыгæрдæнтæ, сæрвæттæ. Мастинокæй Фæсналы ’хсæн «Ракæсæнты бæрзонд» кæй хуыдтой, уым уыгæрдæнхуыз лæгъз сæрвæты фæрсæй-фæрстæм лæууынц æртæ дуры. Уыцы ран уыди Алардыйы кувæндон. Дуртæй иуы бын — арфгомау лæгæт. Уый йедзаг уыди, бирæ азты йæм кæй фæхастой, уыцы сæныччы сæртæй, мысайнæгтæй, уæхстытæй. Æз-иу далыстæ хызтон кувæндоны дурты алыварс, сæрвæты. Сæ цурмæ дзабырты бацæуын никуы бауæндыдтæн. Искуы- иухатт мæм-иу мæ зæрдæ куы сдзырдта, «цæй зæдбадæн сты?..; Хуымæтæджы дуртæ», уæд-иу мæ уыцы хъуыдытæ арф кæмдæр; амбæхстон, мынæг сæ кодтон... Иухатт та, сæрдыгон (æнхъæлдæн 1921 азы уыд), ме ’фсæс фысты дзуг Кафурадæгæй ракæсæны тигъмæ æрбаскъæрдтоЯ*, уым иуран сатæджы фыстæ ривæд кодтой. Сæ кæронмæ слæу1 уыдтæн æз дæр. Æвиппайды мæ хъустыл ауадис кæйдæр хъæлдзæг ныхæстае худын. Гъестæй ныййазæлыд зарæг. Æз лæмбынæг байхъуыс 78
\ тон,чахъахъхъæдтон. Мæ дæле Алардыйы дурты цъуппытæм схызтысты лæппутæ æмæ чызджытæ... Æз сæм цымыдисæй хъуыстон, кæсгæйæ сæм баззадтæн. За- рыдысты, æз уæды онг кæй никуы фехъуыстон, ахæм уырыссаг æмæ ирон зарджытæ. Канд æз нæ, — хосдзаутæ æмæ ссив- джытæ дæр сæ хъус дардтой уыцы æнахуыр фæсивæдмæ. Чидæр сæ размæ бацыдис æмæ сын бауайдзæф кодта: — Цæмæ бацыдыстут Алардыйы дуртæм уæ дзабырты, куы схызтыстут сæ сæрмæ? — Ау, дуртæ йеддæмæ ма исты сты, цæуылнæ æмбæлы сæ уæлæ бадын? — Не, \мбæлы. Алардыйы кувæн дуртæ сты. Ралгъитдзæн уæ. — Гъемæ нæ ралгъитæд!.. Мах дзы ницæмæй тæрсæм. — Уæдæ уыл йæ бæллæх сæвæрæд! — Оммен! — зæгъгæ, ныххудтысты лæппутæ ’мæ чызджытæ. Æз бадис кодтон уыдоны уæндондзинадыл: куыд хъæрæй дзырд- той зæдты ныхмæ. Æвæццæгæн, дуртæ йеддæмæ ницы сты, æндæр... Хосдзау иуварс ацыди. Фæсивæд та ныхæстыл фесты, худ- тысты, дурты сæрыл сæ фæллад уагътой, стæй та сын зарын бацайдагъ. Хæххон сæрдыгон уадымс сын сæрвæттæ уыгæр- дæнтыл хаста сæ зарæджы ныхæстæ: Кæмттæн сæ нарджытæй нал хъуысынц хъарджытæ, Нал кæуы сидзæр сыдæй. Мæгуырты къæхты бын ниуынц сæ марджытæ, Фидынц сæ бонтæ фыдæй... Зарæджы фæстаг ныхæстæ, цæмæдæр гæсгæ, уæлдай хъæрдæрæй, уæлдай фидардæрæй райхъуыстысты: Булкъонты фыдæнæн, тæнджынты фыдæнæн Хорзæй, дзæбæхæй мын цæр!.. Мæ зæрдыл æмбæлдысты уыцы ныхæстæ, зарæджы зæлтæ. Нал фæлæууыдтæн æмæ мæ лæдзæг зæххы ныссагътон, мæ чысыл нымæт уырдыглæууæджы хуызæн куыд уыдаид, афтæ йыл æй æрцарæзтон, йæ сæрыл ын æркодтон мæ нымæтхуд. Мæ хызын ме уæхскæй нæ систон. Уым уыди кæрдзын, цыхт æмæ дунейы æхсæртæ. Сæгътæ сæм нæ фæлæууыдаиккой. Ныц- цыдтæн уазджыты цурмæ. Дардæй бакæсгæйæ дæр бæрæг уыд, 79
уыдон мах хохы хъæутæй нæ уыдысты, сæ дарæсмæ гæсгæ — быдираг арæзт. Æвæццæгæн, быдыры тæвдæй хохы цъититæм æрбацыдысты улæфынмæ, науæд та фенынмæ. Æмæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн ардæм хохы сæрмæ ссыдысты. Æз уый агъоммæ скъолайы иучысыл бакастæн. Зыдтон кæсын. Æмæ уазæг лæппутæй иуы къухы чиныг куы федтон, уæд дзы мæ цæстытæ нал истон. Тынг мæ фæндыди, мæнæн æй куы радтаиккой, уый. Куыд æргомæй дзы дзырдтой хъæздыджыты ныхмæ! — Уæ киунугæ мæмæ равдесайтæ. Æз некæд ма фæуидтон иронау уæхæн заруни киунугæ... Фæуинон æй... Æнгъезуй? — Кæд зарун зонис, уæд æнгъезуй, — загъта уазджытæй иу дыгуронау. Уый чиныг райста йе ’мбалы къухæй æмæ йæ мæнмæ радта. Сæхæдæг цæуылдæр ныххудтысты. Чиныг мæ къухмæ райстон, афæлдæхтон æй. Чиныгæн йæ фыццаг фарсыл мыхуыргонд уыдысты, чысыл раздæр кæй фе- хъуыстон, уыцы зарæджы ныхæстæ — Нигеры фыст зарæг «Цæр». Æз сæ зыдцæстæй кастæн. Цæмæдæр гæсгæ мæм йæ фæстæмæ раттын зын кæсын райдыдта. Æфсæрмдзастæй, фæлæ уæддæр фидар ракуырдтон: — Мæнæн æй радтайтæ... Æз уин... Æз уин мæнæ... Æхсæртæ дæр ратдзæнæн! Уазджытæ мидбылты худгæйæ кæрæдзимæ бакастысты. — Æхсæртæ? Æмæ ду ами кæми æртудтай æхсæртæ? — Æзинæ баба базигони уотæрæй æрбацудæй. Уоми зад æй æхсæртæ. Уордигæй берæ æрбахаста... Гъе!.. Æз уин æхсæртæ — сумах ба мин киунугæ... — Цæй, цæй, хорз лæппу, мах дын æй уæй нæ кæнæм! Дæ зæрдæмæ афтæ тынг кæм фæцыди, уым дæу фæуæд. Æрмæст æй хорз куыд сахуыр кæнай æмæ дзæбæх куыд зарай, афтæ... — Нæ, нæ... Райсетæ æхсæртæ... Æз тагъд-тагъд мæ хызынæй истон армыдзаг æхсæртæ, лæвæрдтон сæ лæппутæн, чызджытæн. Нæ мын сæ куымдтой, фæлæ сæ æз нæ ныууагътон. Мæ кæрдзын æмæ сын мæ цыхт раттынмæ дæр хъавыдтæн. Арфæтæ сын ракодтон. Уазджытæ аивгъуыдтой хъæуырдæм. Æз сбадтæн, æмæ æну- выдæй кастæн ирон чиныг. Алардыйæ та ма чи тарсти! За- рыдтæн ног зарджытæ. Афтæ мæм касти, цыма уыцы сахат мæнæй амондджындæр ничи уыд, цыма хосдзаутæ æмæ ссив- джытæ сегас дæр мæ зарæгмæ хъуыстой, цыма мæ зарæг, чи- ныг мын чи балæвар кодта, уыдон’æн сæхимæ дæр хъуыстис. Мæн бæлвырдæй уырныдта: уыдонæн сæхицæн дæр æхсызгон уыди: чысыл фыййауæн зынаргъ лæвар ракодтой!.. 80
НÆ ФЫЦЦАГ ФЕМБÆЛД Поэт Нигеры ном фыццаг хатт куы фехъуыстон, уæдæй фондз-æхсæз азы рацыдаид. Ралæууыд 1927 аз. Æз ахуыр кæнынмæ бацыдтæн Дзæуджыхъуы педагогон техникуммæ. Ирон фæсмын дзабыртæ, тæнæг хæдон, куырæт æмæ цухъхъ- айы зæронд уыдысты мæ дарæс сæрдæй-зымæгæй. Кæм æххор- маг, кæм уазал æмæ фæрынчын дæн. Техникумы куыста сыл- 1 оймаг дохтыр, федта мæ æмæ йæ сæр батылдта: — Тынг суазал дæ. Кæд дæ айсой, уæд дæ стыр рынчындоны схуыссын хъæуы. — Чи мæ хъуамæ айса? — Куыд чи? Облæсты æнæниздзинады хайад. Нæхи бон нæу рынчындонмæ æрвитын. Кæд дæ бон бауыдзæн, уæд дæхæдæг бацу уырдæм, науæд де ’мбæлттæй искæй акæн демæ. Ацы гæххæтт-иу ратт Облæсты æнæниздзинады хайадмæ. Æз райстон гæххæтт. Араст дæн иунæгæй. Цас хъаруджын уыдаид æхсæрдæс — æвддæсаздзыд рынчын лæппу. Мæ буар сыгъдис, мæ сæр зылдис. Тыххæй-фыдæй бацыдтæн æнæниз- дзинады хайадмæ. Йæ хицау уыдис Тотийы-фырт. Бацыдтæн æм. Уый æркæстытæ кодта мæ гæххæтмæ, мæхимæ, йæ иу тигъ- ыл ын цыдæртæ афыста, стæй адзырдта, уым чи куыста, уыцы сылгоймæгтæй иумæ: — Иван кæм ис? — Уæртæ иннæ уаты, — дзуапп радта сылгоймаг. Тотийы- фырт къухæй ацамыдта иннæ уатмæ: — Дзанайы-фырты фен. Секретары. Тагъд дæ арвитдзæн рын- чындонмæ. Æз зыдтон, фыссæг Дзанайты Иван фæсномыг Нигер кæй хæссы. Йæхи йын никуы федтон, стæй ницы зыдтон, кæм æмæ Цьг куыстгæнæг уыд, уымæн. Æмæ куыннæ бацыдаин дисы, фыссæг æнæниздзинады хайады секретарæй куса, уый ба- ^онгæйæ. Мыййаг кæд дохтыр дæр у... Уаты бадтысты дыууæ лæджы. Мæ бацыдмæ цæуылдæр ^аердиаг ныхас кодтой. Нигерылдæд цыдаид 30 азы. Хæрзконд Цаесгом, саухил, сау цæстытæ. Йæ уæлæ уыдис ирон дарæс — бухархуд, цъухъхъа (æви синджын кæрц), цырыхъхъытæ. Мæ гæххæтт мын райста, уымæ гæсгæ æндæр гæххæтт ныффыста Рьшчындонмæ. Йе ’мбалимæ сæ ныхас нæма фæцис, æвæццæгæн, ^мæ дарддæр дзырдта: Г> Мах луг N0 4, 1999 81
— Ацы аз мын ахуырмæ æнæ бацæугæ нал ис. НыхасгощЗ стæм Цомахъимæ. (Гæдиаты Цомахъ уæд уыдис пединститутья директор.) Бацæуæм пединститутмæ. 1 — Гъемæ тынг хорз. Иумæ уыдзыстæм, ахуыр кæндзыстæш — дзырдта йе ’мбал. | Махмæ диссагау кастис: «Ахуыргонд лæг, фыссæг, кусы стьш бынаты, афтæмæй ма ахуырмæ цæуынмæ хъавы... Æз та?» -ч Мæ хъуыдытæ мын аскъуыдтой Нигеры ныхæстæ. Гæххæтт’мæщ радта: 1 — Лæппу, цæугæ тагъддæр рынчындонмæ! Лæмбынæгдæэд мæм æркæстытæ кодта, цыдæр ахъуыдыйы фæстæ, дуармæ чт ахæццæ ис, йæ уыцы æмбалы фæстæ адзырдта: | — Захар, фæлæуу-ма, дæу, æнхъæлдæн, уыцырдæм цæуым куы хъæуы. Мæнæ ацы лæппуйæн ацамон рынчындон. | Нигер афтæ зæрдиагæй кæимæ ныхас кодта, уый уыд дыгу-| рон, мæздæггаг. Кæд нæ рæдийын, уæд — Сеоты Захар. Чи| дæн, уый куы базыдта, уæд мемæ дыгуронау дзырдта, фæлмæн| ныхасæй мæ фæфæрстытæ кодта. Æнæмæнг ирон æвзагмæ, ли4 тературæмæ йæ цæст æнувыдæй чи дардта, ахæм уыд. Барæв-| дыдта мæ, фæхæццæ мæ кодта рынчындонмæ. Фæлæ мæнæн| уæддæр мæ хъуыдытæ Нигеримæ уыдысты. Æз сæрыстырЗ уыдтæн: кæй йæ федтон, мæ гæххæттыл йæ къухæвæрд кæй! уыдис, уымæй... 4 «ДÆУЦЫДОМЬЕ» \ 1929-1930 азты ирон фæсивæдæй бирæтæ æрбацыди литера^ турæмæ. Газет «Рæстдзинады», «Размæ», зæгъгæ, уæлæмхасæн] цы литературон сыф мыхуыргонд цыдис, уым фæзындысты| æрыгон поэттæ: Ардасенты Хадзыбатыры, Боциты Бароны| Мамсыраты Дæбейы, Епхиты Тæтæрийы, Хъайтыхъты Георьн æмæ æндæрты уацмыстæ. I Уыцы рæстæджы фæсивæдæй йе ’ргом фыссынырдæм чщ здæхта, уыдоны ’хсæн бирæ нæ уыди, Нигер æмæ Хъамбер^ диаты Мысосты фыст æмдзæвгæты чиныг «Уадындз» кæмæ пщ уыдис, ахæмтæ. \ || Ног советон дуджы цард литературæйы цы домдта, ууЫ’Я райдайгæ фысджытæй бирæтæ сæхи хъардтой. Сæ куысты сыя зæрдиагæй æххуыс кодтой хистæр æмбæлттæ — фысджытя Гæдиаты Цомахъ, Гулуты Андрей, Нигер, ахуыргæнæг ГуырйЯ аты Гагуыдз æмæ æндæртæ. Поэт Гулуты Андрей уæд куыстЯ «Рæстдзинады» редакцийы, литературон фарс «Размæ»-Й1Д 82
аивадон æрмæгæй цыдæриддæр мыхуыргонд цыдис, уыдон уый къухæй цыдысты. «Размæйы» мыхуыргонд æрцыдысты мæ фыццаг æмдзæвгæтæ «Зæринæ», «Мæ мадæмæ», «Сау гъæди» æмæ æндæртæ. Арæх-иу æрбауадыстæм редакцимæ. Редакци уыди Советты уынджы. Иу хатт, уырдæм æрбацæугæйæ, Наукон-иртасæг институты дуармæ лæугæйæ баййæфтон Гæдиаты Цомахъы, Нигеры, Гар- данты Барисы æмæ ноджы кæйдæрты. Мæ къухы уыди тетрадь æмæ æмдзæвгæты чиныг «Уадындз». Гарданы-фырт педтехни- кумы ахуыргæнæгæй куыста, зыдта мæ æмæ ме ’мбæлттæн хъазгæйæ загъта: — Æрыгон поэт — Бесати лæхъуæн, базонгæ уотæ, табуаф- си. Æвæдзи бабæй нур дæр йе ’ндзæвгитæ æрбахаста! Барисы дыгуронау ныхæстыл Цомахъ æмæ Нигер бахудтыс- ты. — Тазе у? — цымыдисæй загъта Нигер... — Куыд нæ? Кас- тыстæм ын йæ фыстытæ... Æз ын хистæр æнхъæл уыдтæн... Мæ къух мын райстой. — Æнæхъуын лæхъуын, — мæнмæ æдзынæг кæсгæйæ, загъ- та Цомахъ.«Æнæхъуын» æмæ «лæхъуын» рифмæтæ кæй рау- адысты, ууыл та бахудтысты. Мæнæн уæд мæ фындзы бын нæма фæмил. Фырæфсæрмæй ныссырх дæн, куыддæр мæ мидбынат лæугæйæ баззадтæн. Цомахъ мын мæ къухæй айста æмдзæвгæты чиныг «Уадындз». Æркасти йæм, стæй, Нигермæ бахудгæйæ, загъта: — Уыныс. Кæсынц æй фæсивæд, дæхæдæг æвдисæн. Нæ бон у зæгъын: хорз бакодтам, кæй йæ рауагътам, уымæй... Фæлæ фылдæр, хуыздæр фыссын хъæуы. Чиныг мын фæстæмæ радта, радтой мын ацæуыны бар дæр. Æмæ уыцы æфсæрмхуызæйараст дæн сæ цурæй... Бирæ рæстæг нæ рауад (æнхъæлдæн, 1929 азы фæззæджы уыд), афтæ Цæгат Ирыстоны педтехникумы арæзт æрцыдис стыр литературон изæр. Бирæ адæм æрæмбырд ис уырдæм. Изæр арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны фысджыты разамындмæ гæсгæ, уыдоны хъарутæй. Техникуммæ раджыгомау æрбацыдысты Нигер, Хъамбердиаты Мысост æмæ иннæтæ. Сæхи цæттæ код- той, немæ чи ахуыр кодта, уыдон — Хъайтыхъты Геор, Мам- сыраты Дæбе, Плиты Грис æмæ иннæтæ, литературон изæры се ’мдзæвгæтæ бакæсынмæ. Æз уыдтæн фæскомцæдисы бюройы уæнг. Изæр цæмæй хуыздæр ацыдаид, ууыл архайдтон иннæ æмбæлттимæ. 83
Æмбырды агъоммæ мæм Нигер, Мысост æмæ Гагуыдз фæдзырдтой. Нигер, раст мæ цыма рагæй зыдта, афтæ мемæ ныхас рай- дыдта, базонгæ мæ кодта Мысостимæ. — Æмæ ды ницы кæсдзынæ? Дыгурæттæ дæр дзы бирæ куы ис, стæй мах дæр æмбарæм... — Нæ. Ницы! — куыд æм сдзырдтаин, уый дæр нæ зыдтон, афтæмæй йын дзуапп радтон. — Мах ма мæнæ истæмæты фæкæсдзыстæм. — Мах дæр ын бæргæ дзырдтам, фæлæ нæ комы. Беса æнæуи æмбырдты дзырды бар никæмæн фæдæтты, — æфхæрæгау загъта Гагуыдз. — Беса нæ, фæлæ Тазе, — хиндзастæй сдзырдта Нигер. — Омæ йæ æз «Беса» фæхонын, — загъта Гагуыдз. Мæ хистæртæ мемæ афтæ кæй ныхас кодтой, уымæй мæхицæй ныббузныг дæн: «Нигер ма мæ базыдта». Куыд мæм фæкасти, афтæмæй мæм цыма иннæ æмбæлттæй дæр чидæртæ хæлæг кодтой. Литературон изæр райдыдта. Техникумы стыр залы адæмæй къух бакæнæн нæ уыдис. Ирон литературæйы рæзт æмæ хæсты тыххæй цыбыр доклады фæстæ кастысты æмдзæвгæтæ. Æз фыццагдæр уæд фехъуыстон, уæд федтон, поэтты сæхи æмдзæвгæты кæсгæ. Цы уыдтæн, уымæй хъустæ фестадтæн. Ныхъуырæгау сын кодтон сæ алы ныхас дæр. Нигер уыцы æмбырды касти йе ’мдзæвгæ «Дæу цы домы!» Йæ аив ныхасы хъару, йæ хъуыдыты уæз æмæ цардæй ист нывтæ... Сæрыхъуын арц бадти, зæрдæйыл æмбæлдысты. Ок- тябры революцийы агъоммæ хæхбæсты фæллойгæнджыты цард йæхи цæстæй чи федта, йæ рагъыл æй чи бавзæрста, уыдоны цæстыты раз удæгас нывтæ сыстадысты, поэты нывæфтыд хъуы- дытæ сæ агайдтой. Нигер фау хаста горæтаг мещантæм, НЭП-ы рæстæджы йæ * хъал цард йæ къухæй кæмæн нæма ахауд, искæй фæллойæ ма йæ фæндаг æмбыгъдæг кæмæн уыдис, уыцы лæвархортæм: Ды нæ хъусыс, уад куыд ниуы, Тард, мæллæг зæронд куыдзау. Ды нæ зоныс, зæрдæ риуы Уыцы ниуынæй ныссау. Ды нæ уыныс уынгæг комы Их, хъæпæн æвæрд фæндаг... 84
Ды нæ уыныс, дæу цы домы, Нæй дæ уымыты хъуыддаг. Ды нæ уыныс, — уым сынæгæй Чидæр тулы ныр уæрдон. Цонг — мæцъисæй, рыст бæгънæгæй Нал у мæгуырæн йæ бон... Æмдзæвгæйы фæстаг рæнхъытæ фæуд кодтой мæнæ ахæм иыхæстæй: Дæу цы ’ндавы, дæу цы домы: Галуан — райдзаст, хъарм, сыгъдæг. Къух нæ атулдзынæ доны, Фæндаг раст æмæ быгъдæг! Адæм тыхджын къухæмдзæгъд сарæзтой поэтæн... Æмбырды фæстæ Нигеры федтон. Иннæ фысджытимæ нын хæрзæхсæв загъта. Йæ цæсгомыл зынди цавæрдæр æнахуыр æнкъарддзинад. Йæхимидæг цæмæйдæр тыхстис. Чи зоны, кæд ын йе ’мдзæвгæйы æнкъард нывтæ зæрдæйы рыст фæцагайд- той, йе та кæд йæхæдæг йæхимæ исты азымхаста... НÆ ФЫЦЦАГ СЪЕЗДЫ 1930-æм азы, октябры мæйы иу бон махæн — æрыгон фыс- джытæй уæд педтехникумы чи касти, уыдонæн партийы обком фехъусын кодта, зæгъгæ, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны фыс- лжытæн иумæйаг съезд уыдзæн Цхинвалы æмæ уырдæм цæ- уынмæ нæхи хъуамæ бацæттæ кæнæм. Немæ хъуамæ ацыдаид пæ ахуыргæнæг Гуыриаты Гагуыдз дæр. Дзæуджыхъæуæй Гуырдзыстонмæ ацыдыстæм Арвыкомыл. Сæумæрайсом, машинæтæ нæм кæм æнхъæлмæ кастысты, уым фьпщагдæр сæмбæлдтæн Нигер æмæ Хъамбердиаты Мысостыл. Мысост мæнæй чысыл хистæр уыд. Уый касти Мæскуыйы аива- Аон рабфачы, уырдыгæй куы ссыдис, ^уæд иуцасдæр акуыста газет «Власть Труда»-йы редакцийы. Иæ дарæс уыд европæй- аг: костюм, ног галстук æмæ роггомау пъалто. Æз сæ разы хьæуккаг лæппуйы хуызæн уыдтæн. Цырыхъхъытæ, кæрдæг- хУыз галифе хæлаф æмæ хæдон, фæтæн рон, партупе. ■— Тазе рог кавалерийæ кæй у, уый бæрæг у. Нæ йæм кæсыс, ^ загъта Мысост. -— Æз æцæгдæр рог кавалерийæ дæн, — дзуапп радтон æз. Уыцы рæстæджы фæскомцæдисон организацийы æцæгæй ^ь,Дис, афтæ кæй хуыдтой, ахæм къордтæ. Партийы обкомæй, 85
фæскомцæдисы обкомæй нын радтой мандаттæ. Куыстуæтта æмæ-иу нæ кусæндæттæм арвыстой. Кусджыты хъæстытæл гæсгæ хъæндзинæдтæ бæрæг кодтам. Бюрократтæ æмæ куыеи халджытæ «кавалеристтæй» тынг стъæлфыдысты. ] Иу ныхасæй, уыцы фæндагыл Нигеримæ ноджы тынгдæ! фæлымæн стæм. Æз æм кæсын райдыдтон, куыд хистæр æмба| хистæр æмгармæ, тынг хæстæг райстон мæ зæрдæмæ Мысостн дæр. I Немæ съездмæ цыдысты партион кусджытæ дæр, стæй хистæ! фæлтæры фысджытæй бирæтæ: Цæголты Георги, Коцойтя Арсен, Гагуыдз, Къосираты Сæрмæт æмæ æндæртæ. Ниге| кæстæрты хистæр уыд, æмæ йыл цыма исты хæс æвæрд уыди уыйау дардта йæхи. Зонд нын-иу ацамыдта. Кæстæртæй-иу исч| æнæхъуаджы куы дзырдта, уæлæнгай æмдзæвгæтæ, уæлдайдæ! та эпиграммæтæ куы касти, уæд-иу Нигер æвиппайды фæта лынгхуыз. Цыргъ æмæ рæхойаг ныхæстæ-иу схаудта Мысостæ! дæр. I Æз æмбæрстон: Мысост æмæ Нигер сæ кæрæдзиуыл тым æнувыд уыдысты — рагæй зыдтой кæрæдзи. Сæ фыццс! æмдзæвгæтæ иумæйаг æмбырдгонд — «Уадындзы» мыхуыи гонд æрцыдысты. Зæгъын, кæд сæ разы æгæр кæй афæстисЯ вæййын, уый сын хъыг вæййы, æмæ-иу хатгай иуварс мæхи аш стон. I Иу ран нæ фæллад суадзæм, зæгъгæ, машинæйæ рахыз] тыстæм. Нигер мæм фæдзырдта, аивæй мын загъта: I — Дæхи Мысостæй иуварс ма лас, йæ зæрдæмæ истн бахæсдзæн... йæ низ та йыл тыхджындæр кæны! 1 Æз уæды онг нæ зыдтон, Мысост рæухъæнджын кæй уыд уый. Куыддæр фефсæрмы дæн, мæ цæст æм тынгдæр дарьщ байдыдтон, йæ тæнæг рустæ-иу куы ссырх сты, куы та-иу, уЩ æфцæгготау ныффæлурс сты. щ Нигерæн æхсызгон уыд, цалдæр хатты мын цæстытæй аШЦ та, гъе афтæ, зæгъгæ... Цхинвалы иу изæр съездмæ байрæджы кодтон. ЗаллЙ мидæмæ нал бацыдтæн, ссыдтæн балкъонмæ. Уырдыгæй кастæ бынмæ. Уыдысты хъæлдзæгхуыз. Фæстæдæр куыд базыдтс! афтæмæй уыцы чызг уыд Мысосты уарзон — Гуытъиаты Дз| рассæ. ,1 Æвиппайды сæ цуры бадджытæ цыдæр базмæлыдысты. Ауь| тон: Мысост къухмæрзæн йæ былтыл сæвæрдта. Чызг тарстх} зæй цыдæр дзырдта Нигермæ. Стæй акодтой Мысосты. æрызгъордтон бынмæ æмæ мын радзырдтой: Мысост сх> 86
фыд, туг суомдта... Чысыл фæстæдæр æй рынчындонмæ алас- той. Мах æм цалдæрæй рынчындонмæ ныццыдыстæм. Мысост фæдзæбæхдæр, хъæлдзæг дардта йæхи, фæлæ йæ уыцы изæр цал рауагътой дохтыртæ. Фæстæмæ куы раздæхтыстæм, уæд ныл фембæлдис Нигер. Фæдзæбæх, ницыуал ын у, зæгъгæ, йæ нал ауагътам рынчындонмæ. Дыккаг райсом Мысост, æцæгæй, ссыди съездмæ. Съезды фæстаг изæр Нигер сценæйы кастис йе ’мдзæвгæтæ. Æз уæд федтон Нигеры кафгæ дæр. Тынг дæсны кафыд, уæздæн уыди йæ къахы айст, йе уæнгты змæлд. Афтæ зынди, цыма цагъды зæлтæ йе уæнгты иннæрдæм хызтысты. Кафт куы фæци, уæддæр та æмбырды уæвджытæ тыхджын къухæмдзæгъд сар- æзтой. Съезды фæстæ ма афæдзы бæрц ацарди Мысост. Мæнмæ куыд кæсы, афтæмæй Нигер йæ кæстæр æмбæлттæй уымæй фылдæр никæй уарзта. Алкæддæр ын-иу йæ ном мысыди, цавæрдæр фæлмæн зæрдиаг ныхас-иу райдыдта... Рох мæ нæма у: Мысосты амæлæты хæдфæстæ хъæуæй ссыдтæн горæтмæ. Сæмбæлдыстæм Нигеримæ. Уый мын хъыгзæрдæйæ дзырдта: — Ды зоныс, Тазе, Мысост райсом амæлдзæн, зæгъгæ, уæддæр ма мæм æрбарвыста... Мемæ йæ цæйдæр фæдыл аны- хас кæнын фæндыд,.. Тæнзæрдæйæ никуы зыдтон Нигеры, фæлæ йæ уарзон кæстæр æмбалы кой кæнгæйæ-иу донæй айдзаг сты йæ сау цæстытæ.. Уый фæстæ Мысосты цард, рæсугъд уыгæрдæны дидинджы- тимæ баргæйæ, Нигер фыста: «Ирыстоны советон æхсæнадæн Мысост йæ хæс бафыста йæ рæзгæ зæрдæйы æхсидгæ тугæй, йæ рæзгæ цырын зондæй. Аив йæ ацыд, аив йе ’рбацыд, аив йе схудт, аив, бынтон аив та йæ зард. Мæ зæрдæ мæм афтæ дзу- ры, æмæ Ирыстоны хæхтæ советон дуджы Мысосты зарæгæй аивдæр зарæг нæма фехъуыстой». Уыдон тынг раст ныхæстæ уыдысты. ÆМÆ ЗАРЫД БУАÆМÆРГЪ НÆ ДОНБЫЛ.. 1937 азæй фæстæмæ Нигеримæ иумæ дзæвгар фæцардыстæм. Цалдæр хатты иумæ уыдыстæм Мæскуыйы, Хъырымы, Махач- Калайы, нæхи хъæуты... Не ’хсæн сусæгдзинад нæ уыди. Нигермæ уыди сæрак цъар боныг. Хаттæн-иу æй рафæлдæх- 87
та, исты мын-иу бакастаид. Мæ къухмæ дæр-иу æрбафтыд бо- ныг, фæлæ мæм, цы фыста, уыдон кæсын аив нæ каст. Нигер йæ уацмыстæй бирæтæ мæ разы ныффыста. Иу рæнхъыл-иу дыгай-æртыгай бонтæ фæхъуыды кодтаид. 1937- æм азы сентябры нæ фæллад уагътам Хъырымы, Коктебелы. Курорт ис Феодосийæ 20 километры æддæдæр Сау денджы- зы былыл. Денджыз йæхи цы хæхтыл скъуыры, уыдонæй иу у Хъара-Дагъ. Йæ цъупмæ зын цæуæн у. Фæлæ Нигер, Тæтæри æмæ æз иу бон нæхи абæлццон кодтам. Цæуынтæ байдыдтам хохы сæрмæ. Тæтæри æрдæг фæндагыл баззади, мах дыууæйæ цыдæр амæлттæй схызтыстæм Хъара-Дагъы цъупмæ. Нæ фæллад суагътам æмæ фæлгæсыдыстæм денджызыл. Нигер хъуыдыты аныгъуылд, стæй йæ блокноты цыдæртæ’ афыста. — Лев Николаевич Толстой куыд загъта, уый зоныс, Иван? — Куыд? — Уацмысæн йæ райдиан зын вæййы, гъе стæй... — Æмæ уымæй цы зæгъынмæ хъавыс? — Цы ’мбарын æй хъæуы... Дæуæн цæттæ у дæ ног æмдзæвгæйы райдиан. Нигер бахудтис æмæ хъæлдзæгæй сдзырдта: — Бамбæрстон дæ. Мæнæ гъе! Æз райстон йæ къухæй гæххæтт æмæ дзы бакастæн сæргонд «Хъара-Дагъыл», стæй фыццаг строфа: Цыдтæн æз ардæм, Зын уыдис фæндаг, Зын уыдис, зын! — Хъуыдис-иу хилын, Хъуыдис ызгъорын, Кæм та — лæсын... Æмдзæвгæйæн йæ иннæ строфатæ дæр уыцы бон фыст æрцы- дысты. Поэт тынг аивæй æвдыста йæ фæндаг: зынæй схызти, царды бæрзæндтæм, æмæ ныр сæрыстырæй фæлгæсыд^ фæйнæрдæм. Мæ хид мæ ныхæй Куы тагъди зæхмæ... «Ыздæхон, цæй!» — Дзырдта-иу хатгай Гъе афтæ зæрдæ, — Уæддæр цыдтæн... 88
Ыссыдтæн. Хохæн Йæ цъуппыл бадын. Кæсын бынмæ — Дæлиау денджыз Ныгъуылы тары, Бæллы мæнмæ... Хохы сæрмæ нæ цы фæндаг схуыдта, уый мæм, цæмæндæр гæсгæ, Нигеры царды æмæ сфæлдыстадон фæндаджы хуызæн фæкасти. Нæ поэтæн йæ фæндаг вазыгджын уыди. Чысыл раздæр ма Нигер иу æмдзæвгæ ныффыста. «Хъыры- маг æхсæв», зæгъгæ, йæ схуыдта. Æнæмæнг, поэт æмдзæвгæйæ обрæзтыл дзæвгар фæхъуыды кодта. Рахæссын ма йæ хъуыди гæххæтмæ... Иу изæр æртæйæ бадтыстæм денджызы был ныллæг къæдзæхыл. Тæтæриимæ мах денджызмæ дуртæ æхстам. Нигер æдзынæг кастис, фæсденджызæй сырх-сырхидæй, цалхыдзагæй цы мæй ссыдис, уымæ. Цыдæртæ-иу афыста. Стæй æвиппайды йæ бынатæй фестади, хъæлдзæг хуызæй сдзырдта: — Уæртæ... уæртæ ма уæ уыцы мæйæн исчи ном ссарæд... Цæй хуызæн æй схонæм?.. Цæимæ йæ абарæм!.. Мах дзырдтам: «Сырх хæцъил», «Сырх фæткъуы...» Нæ ныхæстæй Нигеры зæрдæмæ ницы цыдис. Ахъуыды кодта æмæ æвиппайды сдзырдта: «Бур тас». — Тас хорз у, фæлæ «бур» нæ бæззы! — загътон æз. — Æрхуы! Æрхуы тас, уæд та, — циндзастæй фæцырд и Нигер æмæ йæ йæхимæ афыста: мах Тæтæриимæ ныххудтыстæм, стæй мæймæ кæсыныл фестæм. Уый æцæг дæр æрхуы тасы хуы- зæн уыди. Чысыл фæстæдæр нын Нигер бакаст йæ ног æмдзæвгæ: Сабыр... Уддзæф нал ныдзæвы зæххыл, Хъара-Дагъы бамбæхсти Эол. Мæй — æрхуы тас — ратылд уæлæ рæгътыл, Хъæдыл акæс, байтыдта йæ хор... Денджыз ахсæв нал кæны сæргой. Кæс, куыд хъазы, мæнмæ, кæс, хъал дон; кæс, куыд найы мæйы тын йæхи! — Цымадонæй исы ахсæв хъалон, 89
дон та — цыма ахсæв дзы куывд и, дардыл тауы, дардыл уый тæмæн. Хъал у денджыз йе згъæрæй — æндон... Денджыз ма хæр Ды дæ куывд æнæ мæн: у мæ риу дæр де ’рфæн, мæ хур, зон! Поэты сæры-иу куы февзæрди исты рæсугъд поэтикон хъуы- ды, уæд-иу æй арф бавæрдта йæ зæрдæйы æмæ-иу ын хуыздæр фадат куы фæцис, уæд æй ныффыста... Хъуыды ма кæнын ахæм хабар. Иу хатт чысыл гæххæтты гæбазыл Нигер цалдæр хатты ныффыста иу рæнхъ: «Æмæ за- рыд булæмæргъ нæ донбыл». Бакастæн æй æз æмæ мæ дзыхы бафтыдис. Уый фæстæ йæ, хъæуа-нæхъæуа, уæддæр дзырдтон. Æз зыдтон, уыцы рæнхъ, æнæмæнг, кæй уыди поэты ног æмдзæвгæйы райдиан. Бонтæ цыдысты, фæлæ æмдзæвгæ никуыцæй зындис. Æмæ иу хатт афарстон Нигеры: — Дæ хорзæхæй, Иван, кæд уыдзæн уыцы æмдзæвгæ? Йæ фыццаг рæнхъ мæ дзыхæй куы нал цух кæны. Уый бахудтис æмæ загъта: — Цæттæ у. «Мах дугмæ» йæ раттынмæ хъавын... Бакæсон дын æй? Уæвгæ... Нигер йæхи æмдзæвгæтæ кæсын нæ уарзта. Фæтарстæн, куы нал сразы уа, уымæй. Æмæ йæ дзурын нал суагътон: — Нæ! Нæ! Бакæс-ма йæ... Уый чысыл фæхъус, уаты рудзынг байгом кодта. Уыди 1938 азы июны мæй. Гом дуар æмæ нæм рудзынгæй хуры рæсугъд тынтæ æрбахъазыдысты. Поэт йæ риуыдзаг сулæфыд, йæ цæстæнгас дард, арвы рухсы кæмдæр аныгъуылд. Стæй цавæрдæр фæлмæн хъæлæсæй райдыдта: Æмæ зарыд булæмæргъ нæ донбыл, — Уым бæрзбæлас, — урсзæнг, дондзаст зади: «Ам ызнон тъæнджытæ кодта уазал, Ам ызнон йæ холы хордта бирæгъ». Хъуыстон, хъуыстон ноджыдæр æз зардмæ, Æмæ зарыд булæмæргъ нæ донбыл: 90
«Ам дæ фыд ызнон хъуынтъызæй бадти, Дымгæ хъазыд зæрондæн йæ тæрттыл»... Æз джихæй хъуыстон Нигермæ. Уый дзырдта зæронд заманы талынг æмæ æвадат цардыл. Йæ хъæлæсы уагыл зын- дис æнкъарддзинад. Фæлæ зарæджы кæрон уыдис æндæрхуы- зон, фидар уырнындзинад æмæ дзы цины зарæджы кæрон уыдис æндæрхуызон, фидар уырнындзинад æмæ дзы цины мотивтæ зæланг кодтой: ...Хъуыстон, хъуыстон ноджыдæр æз зардмæ, Æмæ зарыд булæмæргъ нæ донбыл: «Ам ныр хъармæй бафсæст бæлас — базон! Ам чырс нал и — тауы хур йæ хæрдгæ! Æрдз йæ гауыз дидинæгæй уафы — Уый æфсады царды хосæй, — базон!» Диссаджы ныхæстæ ссарын мæ фæндыд, фæлæ мæ ныхæстæ мæ хъуыры фæбадтысты. Æрмæст зæрдиагæй райстон мæ хис- тæры къух. Мæнмæ гæсгæ, Нигер йæхæдæг дæр æмбæрста, ацы ран цыфæнды ныхæстæ дæр уæлдай кæй уыдаиккой, уый. Уый фæстæ дæр арæх хъуыды кодтон Нигеры уыцы æмдзæвгæйы стыр аивадон тыхыл. Æмæ-иу мæм мæ зæрдæ кæддæриддæр афтæ сдзырдта, цыма Нигерæн йæхи дæр æмбæлы уыцы булæмæргъимæ абарын. Фæндыдис-иу мæ зæгъын... Æмæ зарыд булæмæргъ нæ дон- был! 91
АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД ТАУРÆГЪТÆ, АРГЪÆУТТÆ КУЫРТТАТЫ КОМ ’ æлæсых Найфон æмæ Тымбол Куырттайы цот сты| Куыртта та афтæмæй райгуырд. Ир Уæлладжырь! комы куы ’рцардысты, уæд адæм бирæ кодтойЦ уæдæ цы кодтаиккой. Зæхх сын фаг нæ уыди, æмæ цуанæй сæхи дардтой. Цуаны та алырдæмыты æфтыдысты. Афтæмæи! Уæлладжыры комæй иу цуаны, ныр Куырттаты ком чи у,] уырдæм рафтыд. Уæлæ Хæкъуынайы æрæнцад. Бынат йæ| зæрдæмæ фæцыд æмæ йæ бинойнаджы дæр уырдæм æркод-,' та. Сæхицæн хæдзар скодтой æмæ цардысты. Цотæй сын^ иунæг лæппу уыди. '] Ныр комы уæд цæрæг нæма уыд. Иуахæмы лæппу, ныр^: Барзыхъæу кæм и, уырдæм æрæфтыд. Быдырæй та уыцы заман] кæсгон цуанæттæ уым сæмбæлдысты лæппуйыл. Лæппуйы| æрцахстой æмæ йæ семæ рахастой. Куы бахъомыл, уæд æЩ кæсгон йæхицæн бæхгæс скодта. Иу хатт хъæуы лæппутимай цæуылдæр азæрдæхудт, æмæ йын уыдон афидис кодтой, дьо дзæгъæл куы дæ, дæ мад, дæ фыд уæртæ дард кæмдæр комы! цæрынц. Уый лæппуйæн фæхъыг æмæ нынкъард и. .3 Ныр-иу ын бæхты хицауы чызг та кæрдзын хаста лæппуйæнЦ Афтæмæй фæхæлар сты чызг æмæ лæппу. Чызг ын хæринаш куы ’рхаста æмæ йæ æнкъардæй куы федта, уæд æй фæрсы, цьЦ кæныс, зæгъгæ. Уый йын загъта, райсом цæуын мæ ныййар-æ джытæм æмæ дæ курын, ма мæ схъæр кæн, зæгъгæ. Уæд ын| чызг загъта, æз дæр демæ цæуын, ды кæдæм цæуай, уырдæмЯ æнæцæугæ нæй мæнæн дæр, зæгъгæ. Ш 1 Сфæнд кодтой алидзын. Изæрæй чызг йæ дзаума райста,|1 * Дардлæр. Райдайæи "Мах дулжы" 1995 азы № 11-12; 1996 азы № 7; 1997 азь| № 3; 1998 азы №№ 1, 2, 4, 7 — 10, 12; 1999 азы № 1, 2, 3. 92
хæринагæй дыууæ хордзены байдзаг кодта æмæ сæ бæлвырд ранмæ ахаста. Райсомæй лæппу бæхтæ хизынмæ аскъæрдта. Уалынмæ чызг дæр кæрдзын хæссын æфсон æрхæццæ. Дыууæ бæхы æрцахстой. Сæ иуыл сæ хордзентæ бавæрдтой. Иннæуыл сæхæдæг сбадтысты æмæ ацыдысты комы мидæмæ дон-дон. Уæртæ Хъæдæргъæвæнмæ куы бахæццæ сты, уæд бæхтæй рахызтысты, сæ идæттæ æмæ сын сæ хордзентæ райстой, бæхты та ныццæфтæ кодтой, æмæ бæхтæ рæгъауы æрбалæууыдысты. Сæхæдæг мидæмæ комы рараст сты. Уæлæсыхмæ куы бахæццæ сты, уæд сыл баталынг. Уым æрæнца- дысты. Къæйтæй сæхицæн халагъуд скодтой æмæ æхсæв уым фес- ты. Райсомæй арт скодтой. Сæ фæздæг сын Хæкъуынайæ лæппуйы фыд федта. Йæ топп райста æмæ æрцыд бæрæггæнæг, чи уа, мæ бæстæм мын чи æрцæуа, зæгъгæ. Уæлæсыхы кувæндоны къуыбы- ры сæрæй сæм хæцæнгарз æрдардта æмæ сæ фæрсы: "Чи стут, мæ бæстæм кæцæй æрцыдыстут?" Лæппу йæм дзуры, ардыгон не стæм, дæхи лæппу дæн, зæгъгæ. Фыд ыл кæм æууæндыди! Фæрсы йæ, кæд мæ лæппу дæ, уæд ма мын зæгъ мæ ном, стæй дæ мады ном цы хуыйны. Лæппу йын уыдон дæр загъта, стæй кæсæгмæ куыдæй рафтыд, уый дæр ын æрдзырдта. Уæддæр ыл лæг не ’ууæнды. Йæ усмæ ацыд. Уымæн хабар радзырдта. Уый йын афтæ: "Мах лæппуйæн йæ дыууæ уæны астæу сау стъæлф уыд. Йæ хæдон ын раласын кæн. Йæ фæсонтæ йын фен, æмæ уæд бæрæг уыдзæн". Лæг фæстæмæ æрцыд. Йæ ус ын куыд загъта, афтæ бакодта, æмæ уæд сæ лæппуйы базыдтой. Кæрæдзиуыл фæцин кодтой. Уæд лæппу загъта, ныр ма уæлæмæ цæмæн цæуæм, ам фи- дардæр бынат куы у, æмæ ам æрцæрæм, зæгъгæ. Уæд Уæлæсы- хы хæдзар скодтой. Уым цæрын байдыдтой, æмæ кæсгонæн дыууæ лæппуйы райгуырди — Тæга æмæ Куыртта. Бахъомыл сты. Цуанæй сæхи дардтой. Иу заманы дыууæ æфсымæры нал фидыдтой æмæ уарынвæнд скодтой. Уæд сæ сæ фыд акодта Тбауы æфцæгмæ. Ныр уымæн та кæддæр йæ фыд бацамыдта, йæ зæхх кæуылты У, уый. Уыцы зæхх амонынмæ акодта йæ лæппуты. Æмæ сын бацамыдта йæ зæхх Къорайы æфцæгæй Чиасы æфцæгмæ. Тбауы ^фцæгыл дыууæ дуры æрсагъта æмæ загъта: ардыгæй Къорайы ^фцæгмæ уæ иуы, ардыгæй Чиасы æфцæгмæ та — уæ иннæйы. Таега фалæмæ ацыд, Куыртта та ам баззад. Куыртта бинонтæ æрхаста, æмæ йын цот рацыд æртæ фыр- 'гы: Найфон, Уæлæсых, Тымбол. Гъе уыцы æртæ фыртæй ра- Цьгдысты Куырттаты ком. Тæгайы цотæй та рацыдысты Алык- катæ, Хъаныхъуатæ, Санатæ (Дударатæ дæр уыдон сты), Тлат- 93
татæ, Есенатæ. Ацы мыггæгтæ æрцардысты Хъобаны, Цмийы,^ Санибайы. ] 70-аздзыд Куыдзиаты Дзамырзы фырт Ллхæсты пыхæстæй йа* Дзуарыхъæуы 1965 азы 22 июны ныффыста Цагъаты Лнастасия. Е КÆСÆГ АРДЫГÆЙ ЦÆМÆН АЛЫГЪДЫСТЫ { Ам цардысты кæсæг. Ирæн тых кодтой, æмæ кæрæдзи цагъг) той. Сæ ас адæм æрхъуыды кодтой, мах кæрæдзи куы ныццагъ-; там, уæд нæ зæхх та кæй хъæуы. Æмæ бафæнд кодтой, рав-] зарæм домбæйттæ, æмæ кæй богал абырса, зæхх уый фæуæд..] Кæсæг ссардтой домбай лæг. Фæлæ ирæттæ нæ арынц ахæм; Иу зæронд лæг сæм хъусы. Бамбæрста сæ æмæ сæм дзуры: < — Кæсын уæм, æмæ лæг нæ арут, фæлæ ма уæртæ нæ ног чындзæн зæгъут. — Куыд?! ; — Иу бон хъуг дыгъта, хъуг, æмæ йæ къамбецы уæныг фæхъыгдардта. Уый йæм февнæлдта æмæ йæ фехста гæрæнь| сæрты. Æцæг ын мæ кой ма скæнут. ? Бацыдысты чындзмæ. Рауади сæм æмæ йын ской кодтой, ахæм нæ хъæуы, зæгъгæ. Чындз бахъынцъым кодта, чи уын загъта, зæгъгæ. ’ — Нæхуыддæг æрбацыдыстæм, ничи нын загъта. — Куыд нæ скæнон нæ Иры хистæртæн аргъ, — бахъынцъ^ ым кодта йæхимидæг чындз. — Дыккагæй та уый, æмæ куы,а бацæуон æз нæлгоймагимæ хъæбысæй хæсты?! Худинаг куы у! Нал и гæнæн æмæ цæуын. Æцæг мын-иу хатыр ракурут Иры хистæртæй, стæй Кæсæджы хистæртæй дæр мын хатыр ракурут, Рацыд семæ. Иуырдыгæй кæсæг лæууынц, иннæрдыгæй -г ир. Ногъай сæм иуварсæй æвдисæнæн кæсынц. Уæд кæсæг загъ^ той, бæргæ хорз у сылгоймаджы хатыр, фæлæ ныхас куы ба| кодтам. Уыдонæй афтæ, уыцы чындз хатынмæ рацыд. , $ Уæд сылгоймаг ракуырдта хатыр æмæ загъта: кæцы у уазæ"| æз ын "æгасцуай" зæгъон? Бацамыдтой йын сæ домбайы. Ба| цыд æм чындз. Йæ къух ын райста æмæ йын йæ тых базыдта Кæсæджы домбай йын афтæ зæгъы: | — Сылгоймаг дæ, æмæ дæ мыййаг исты куы асæтта, уае| хорз нæу. ;1 — Адæм махмæ кæсынц! Уый мæт ма кæ, фæлæ нæлгойма| дæ, æмæ нæлгоймаг та хистæр у, æрбавнал, куыд дæ фæнд1| афтæ, ауæрдгæ ма кæ! 94
Уый нæ райдыдта хæцын. Дыккаг хатт та йæм чындз дзуры: — Æртæ мыггаджы махмæ кæсынц æмæ райдай! Уæддæр нæй. Æртыккаг хатт дæр та йын загъта: — Нæлгоймаг хистæр у, æмæ бар дæуæн. Уæддæр не ’вналы кæсгон. Уæд чындз загъта: — Уæдæ æз курын хатыр хистæртæй, ныр дæхимæ кæс! — февнæлдта йæм. Æрылхъывта йæ зæххыл, æмæ кæсгон баголæн йæ туг йæ хъæлæсæй скалди. Уæдæй фæстæмæ ацы ранæй сыстадысты кæсæг æмæ дæлæ фурды æддемæ алыгъдысты. Уæд кæсæгмæ зынгæ дæсны лæг фæзынди æмæ дзурын бай- дыдта, цæмæй кæсæгæн фурды ацы фарс цæрыны бар уа, ууыл. Уæд сын бар радтой, æмæ дзы ныр фараст хъæуы цæры Терчы ацы фарс. Иу заманы уыцы зондджын лæг æррынчын, æмæ йæ фарстой, куыд æхсарæй ма райстам зæхх ирон адæмæй? Уый загъта: — Æхсар у фыдбылыз. Æхсарæй бакæнæн ницы и. Æз рай- стон зæхх мæ цæхх æмæ мæ кæрдзынæй, стæй мæ курдиатæй. — Æхсар фыдбылыз у, фæлæ мулк та фыдбылыз цæмæн у? — Мулк у æппæтæй знагдæр лæгæн. Лæджы фаг мулк зæххыл нæй. Уымæн æвдисæн сты нæхи, кæсгон цыппар æфсымæры. Уыдонæн сæ мулкæн ныккæнæн нæ уыд. Уæд байуæрстой, æмæ кæстæр æфсымæр дунейы мыды бындзытæ балхæдта. Уымæ гæсгæ иннæ æфсымæртæ дæр балхæдтой чыргъæдтæ. Сæрд-иу сæ быдырмæ ахастой, æмæ-иу уым, быдыры цардысты сæ мулк, сæ фосимæ. Иуахæмы сын сæ рæзты иу фосджын лæг йæ фос æрбаскъæрдта æмæ сæм ба- фысым кодта. Уазæг цырддзаст кæм нæу æмæ кæсы, æмæ уыцы бирæ мулкæй уазæгæн иу гыццыл къусы мыд æркод- той. Уайтагъд æй асдæрдта уазæг. Стæй ацыд уазæг æмæ сын йæхи фосæй æрбахаста иу гыццыл сæныкк æмæ сын загъ- та: "Бирæ фос мæм бæргæ ис. Не ’мбæлы сымахæн сæныкк Дæттын, бæргæ, фæлæ уын æй уæддæр дæттын, æмæ дзы Уæхицæн сихор скæнут иу бон". Уазæг ацыдис. Æфсымæртæ тæрхон кæнынц, сæныккæн цы бакæнæм, зæгъгæ. Сфæнд кодтой: радыгай йæ хæссæм. Æмæ йын йæ цыппар къахы удæгасæй байуæрстой æмæ сыл бæрæггæнæнтæ скодтой. Хастой йæ. Сæныкк куы снард, уæд иу бон кауы сæрты агæпп ласта æмæ, кæстæр æфсымæры къах Каей хуыдтой, уый асаст. Кæй къах уыд, уый загъта: "Аргæвдæм ^й". Иннæтæ не сразы сты: "Сдынджыр кæнын æй хъæуы. ^абæтт æй æмæ йæм зил». 95
Бабаста йæ ’мæ йæм зилын райдыдта. Иу бон цыппар æфсымæры дæр чидæр хуынды акодта] Сæныкк уæтæры арты фарсмæ бадт æмæ йæ къахы бæттæн ссыгъдис. Ауад æмæ ралидз-балидз кодта хъæмпæй æмбæрзт чыргъæдты астæу. Дымгæ бон уыд æмæ чыргъæдтæ иууылдæ^ басыгъдысты. \ Иннæ æртæ æфсымæры цыппæрæмы къуымы бакодтойæмаё йын загътой: "Бафид нын нæ фæллой, дæ фыдбылызæй фесæфн тыстæм!" * Бафыста сын дзы æмбис. Уæд та нал фидыдтой æмæ та йъц бахъаст кодтой сæйратмæ. Уый дæр та загъта, фидгæ сты, зæгъгæ. < Æфсымæрæн йæ зæрдæ аскъуыд æмæ амард. Лфтæ мæнгар,я у МуЛК. у% аздзыд Вазраты Дзабойы фырт Алихаиы ныхæстæй пæ 1961 азы 24 июиы Майрæмададжы пыффыста Цагъаты Лиастасия. 1 ТЛАТТАТЫ ЧЕРМЕН Черменыл цыппæрдæс азы куы рацыд, уæды онг ыл ном н^ ’вæрдтой, сæ сæрмæ йæ нæ хастой. Уæд ыл сæвæрдтой ном Æмæ ацыди цыппæрдæсаздзыдæй Кæсæгмæ. Кæсгон æлдармæ ныллæууыд æххуырсты æмæ йæм цыппæрдæс азы бакуыста: Йæ фыстыл ын бирæгъ сагъуыд æмæ йын сæ цагъта. Чермек æм нывзыста: "Дæ лæх дæ мæрдтæ бахæрæд, æз дæу топпæй куынæ амарон!" Бирæгъы æрцæуæны æрбадт. Æрцахста йæ, Бæрз уис сыздыхта. Бирæгъы хъуырыл æй бакодта. Æлдарма йæ нылласта æмæ йын загъта: "Ай у не знаг. Мæ фос мыя фæцагъта æмæ йын цы зоныс, уый кæн". Æлдар уый куы федта, уæд ныхъхъуыды кодта æмæ загъта; ай цыдæр-мыдæр лæг нæу. Æмæ йын йæ фыртимæ ард бахæ- рын кодта, абонæй фæстæмæ æфсымæртæ куыд уат, афтæ^ Æфсымæрты цард кодтой уæдæй фæстæмæ. ^ Чермен ныхъхъуыды кодта æмæ загъта, йарæбын, мæ фыд* æлты зæххыл ма Тлаттаты куы фенин, зæгъгæ. Æлдар ын бæх срæвдз кодта. Гæрзтæ йын радта æмæ йæ рарвыста. Уыцы æлда| ры зæххæй иннæ æлдары зæхмæ куы рахызт, уæд уымæн йэ? фос ратардта æмæ сæ Хъобаны бын æрурæдта. Кæсы æмæ Тлат| татæн сæхи чындзытæй иу донмæ рацыд. Чермен уырдæм йæх| систа æмæ йын загъта: 1| — Дæ хорзæхæй, хорз чындз, цоггон лæг дæн æмæ мын д6| ратт! Щ Чындз йæ къуыстил æрæвæрдта æмæ йын дон радта. Чещ 96
мен æй къахы, хорз сылгоймаг, бахатыр кæн, фæлæ хъæуты цы хабæрттæ ис, зæгъгæ. Чындз ыл фенæууæнк æмæ йын афтæ зæгъы: — Тлаттатæ сæ зæххытæ байуæрстой æмæ дзы æнæномæн хай нæ бакодтой. Чермен фæхудти æмæ та йæ фæрсы: — Дæ хорзæхæй, бахатыр кæн, хорз сылгоймаг, фæлæ æнæном та цы хоныс? — Йæ дæндæгтæ йæхицæн фæриссæнт, махæн фыдæй нæ баззад тиуæн йæ ном зæгъын. Уыцы ныхасы тыххæй Чермен байраг радта уыцы чындзæн, æмæ йын загъта: — Хорз чындз, æз дæн Тлаттаты Бестолы фырт чысыл Чер- мен, æмæ уымæн хай чи нæ бакодта, уыимæ мæхæдæг фидау- дзынæн. Чермен ссыд йæ хæдзармæ. Йæ мад ыл бацин кодта æмæ йын загъта, мæ фæллой, дам, дын хæлар нæ кæнын: Тлаттатæ байуæрстой сæ зæххытæ æмæ дзы махæн хай нæ бакодтой. Чермен ын загъта: — Нана, тыхсгæ ма кæн, зæххæн йæ фæлмæнтæ мах уыдзы- сты. Чермен райсомы сыстад. Ахаста цæвæг. Къуырфбыны стыр уыгæрдæнтæм ссыд æмæ зылдæй уис ныккарста, ай мын фаг уыдзæн, зæгъгæ. Стæй йын йæ астæу акарста æмæ йæ цæвæг ныссагъта. Нымæт ыл байтыдта æмæ уым аууоны бадти. Тлаттатæ сæ уыгæрдæн уарынмæ куы ссыдысты æмæ куы бакастысты, уæд фæстæмæ раздæхтысты: сæ ныфс нал хастой. Фæлæ уæддæр Черменæн йæ хъару бынтон нæ зыдтой. Æмæ Аспиатæм уыди богал. Æмæ йæм кæсгоны бакодтой хæцынмæ. Хъобаны бын суджы уæрдон самадта Аспиаты богал æмæ загъта: кæд æй сфæразон, уæд мын ницы уыдзæн, кæннод ме сæфт æрцыд. Аспиаты богал схæцыд уæрдоныл æмæ йæ не сфæрæзта. Уымæ æхсæвы ахъуызыд Чермен сусæгæй æмæ йæ йæ иу къухæй уæлбылмæ систа, стæй йæ фæстæмæ æруагъта йæ бынатмæ. Райсомы кæсгон богал уæрдон куы федта, уæд загъта, мæнæ мын мæ размæ цы сæвæрдтой, зæгъгæ, æмæ уæрдон уæлбылмæ сласта. Рахæцыдысты, æмæ Аспиаты богалы рабырста кæсгон, фæлæ йæ марын нæ бауагътой. Ууыл кæсгон богал смæсты æмæ ^æ гуыппытæ-мыхъхъытæ кæны. Афтæмæй Чермены сриуыгъ- '1'а. Чермен æм нал фæлæууыд æмæ йыл йæхи ныцЦавта. Хъæбысæй-хъæбысмæ фесты æмæ хæцынц. Чермен галы лæхыл фæбырыд, йæ уæрагæй дур æркъуырдта, æмæ дур дыууæ дихы ^ 7 Мах луг № 4, У)ЭЭ 97
фæхауд. Афтæмæй кæсгон богалы уæлгоммæ æрцавта æмæ йаг йæ уæрагæй дыууæ æлхъывды фæкодта, æмæ кæсгонæн йае игæртæ йæ хъæлæсæй схаудтой. Кæсгон амард, æмæ уыдон сæ богалы мард аластой. Чермены хъару раргом гъеуæд, Иуахæмы йын Хъобаны фæсивæд загътой, искæдæм нæ фос фæкæнынмæ акæн. Уæлладжыры коммæ сæ^ракодта Чермен, Сæвæрдта сæ Цъыфджыны фæйнæ бынаты. Йæхæдæг Ныхасы нарæджы æрбадти. Кæсы, æмæ иу лæг бæхуаргъ хор æрбахæс- сы. Бæхы идон йæ цонгыл, гæнгæлытæ йæ хъæбысы æмæ хæргæ цæуы. Чермен дис кæны, ай куыд æрбауагътой, зæгъгæ. Чермен æм æрцыди Ныхасы нарæджы æмæ йæм дзуры: — Дæ бæх суадз! Лæг æм ницы дзуры. Уæд ын Чермен йæ идонмæ бавнæлдта. Идон ратыдта, фæлæ лæг йæ гæнгæлытæ хæрын дæр нæ ныу- уагъта. Цудгæ дæр нæ фæкодта. Дзургæ дæр æм ницы кæны, фæлæ Черменмæ бавнæлдта æмæ йæ йæ уæрджыты быны æрыл- хъывта. Иæ кард æм сласта æмæ йæм дзуры: — Куыдзы хъыбыл, æргæвдгæ дæ кæнын гъер! Уыцы лæг уыд Икъатæй. Лæгыл уыди фæсмын хæлаф. Мид- æггаг ыл нæ уыд, æмæ лæгæн йæ сыдз гом. Чермен æм кæсы æмæ йыл худы. Лæг æм дзуры: — Куыдзы хъыбыл, æз дæ æргæвдгæ куы кæнын, уæд цæуыл худыс?! Чермен æм дзуры, нæхицæй куы рараст дæн, уæд мын афтæ загътой: "Лæппу, хъуынджынсыдз лæг дыл нæма амбæлд, æмæ ды ахæм дæ æмæ ууыл худын". Уæд æй суагъта, уый дын чи загъта, уыдон хатыр дын фæуæд, зæгъгæ. ; Чермен йе ’мбæлттæм рацыд, фæлæ сын йе ’фхæрд не схъæр кодта. Рацыдысты фæстæмæ Хъобанмæ. Къорд рæстæджы фæстæ фæстæмæ æрæмбырд сты Хъобаны фæсивæд æмæ та фæнд кæнынц Уæлладжыры коммæ тых кæнынмæ. Чермен сæ цуры бадт æмæ худти. Куы фæхудти, уæд ыл фæгуырысхо сты, æмæ йæ нал уадзынц. Куы нал æмæ йæ куы нал уагътой, уæд сын загъта: "Сымах уе ’ппæты дæр æз иумæ бæндæнæй бабæт- дзынæн æмæ уæ ме ’ккой фæхæсдзынæн. Фæлæ уым ахæм лæгтæ" ис, æмæ мæ хуызæтты сæ иунæг къухæй абырсынц". Гъе уæд сын радзырдта, Ныхасы нарæджы йыл цы ’рцыд, уый. Æмае нал ацыдысты Хъобаны фæсивæд Уæлладжырмæ. 1 Чермен уый фæстæ афтыди уырдыгæй Мæхъхъæлмæ-; Мæхъхъæлон ефендийæн уыди тынг рæсугъд чызджытæ, æм#; æхсæвы уымæ баззади. Ефенди чи у, уый йæ фесгæрстытæ кодта^ 98
æмæ йын афтæ зæгъы: "Мæ хур, дæхи хъахъхъæн! Дæхи гæрзтæй дæ адзал у, æндæр дын адзал нæй". Райсомы куы цыд, уæд ефенди йæ фæдыл рацыд. Арц рахаста. Фæндагыл æрлæууыдысты, æмæ йын ефенди барæй арц йæ къахы уæлфадыл æрæвæрдта æмæ йыл æрын- цади. Арц къахы иннæрдæм ахызт, уæддæр Чермен змæлгæ дæр нæ фæкодта. Фæныхæстæ кодтой. Уæд ын Чермен загъта: — Цæй, хæрзбон! Дæ райсом дæр, дæ изæр дæр дæхи фæндиаг уæнт. Йæхæдæг ын йæ къух райста, æмæ ефендийæн йæ къухы æнгуылдзтæ базгъæлдысты. 1892 азы гуырд Гæлæбпты Тæтæрхъапы фырт Гасайы пыхæстæй йæ 1965 азы 25 июпы Майрæмададжы ныффыста Цагъаты Лиаста- сия. ÆМЗОРАТЫ КУЫДЫКК Æмзораты Æмзоры фырт Куыцыкк куы бахъомыл, уæд хъуыста Азауханы æбуалгъ митæ. Иу бон йæ мады фæрсы Куы- цыкк: — Афтæ куы зæгъыс, дæ фыд хорз лæг уыд, уæд ын æппын бæхы мыггагæй ницы баззад? — Куыд нæ йын баззад: дæлæ ныккæнды æфсæн æрттигътæ хæры. Куыцыкк сыстади. Раласта бæхы. Нылласта йæ доны былмæ ’мæ йæ ныссыгъдæг кодта. Сбадти йыл æнæ саргъæй. Бæхы фезмæлын кодта, æмæ бæхы рагъыл нæ лæууы. Саргъ ыл сæвæрдта æмæ йæ мадæн зæгъы, æз, дам, цæуын, фæлæ фæзын- дзынæн, дæ зæрдæ мæм ма æхсайæд. Рацыд. Æрджынарæджы куы ссыд, уæд Дзлаты бынмæ сзылд æмæ Дзлаты быны æртæ здæхты скодта бæхыл хъазгæ. Стæй Биасланты дынджыр кулдуар ныххоста, уазæг, уазæг, зæгъгæ. Рацыдысты йæм æмæ сын загъта: — Æз дæн усгур, уæздан Азауханы курæг. Уыдон ын зæгъынц: — Йæхиимæ бафидау. Бар ын радтой ссæуынмæ. Азаухан бадти Дзлаты. Куыцыкк æй фæрсы. — Зæгъ-ма, Азаухан, ме ’рбацыд дæм куыд фæкаст? Уый йын афтæ: 99
— Раст зæгъын хъæуы, хорз мыггагæй дæ, дæхимæ дæр дын ницы фау хæссын, фæлæ де ’рбацыд уыди æгæр сонт. — Æндæр мæм ницы аипп и, Азау? — Ницы. — Уый аипп нæу: уымæн æмæ æз дæн лæппу, стæй мæ мæ бæх дæр аразы. Адæмы хæрзæджытæ дæм фæцыдысты курæг. Адæмы дзæбæхтæ дæм фæцыдысты курæг, æмæ дзы аипп кæмæ не ссардтай, фау дзы кæуыл нæ сæвæрдтай, ахæм дзы нæй. Фæлæ дæхæдæг тынг æнæаипп дæ, дæхæдæг? Æз дæ куыд бам- бæрстон, афтæмæй ды зæххон лæгæн ракурынмæ нæ бæззыс. Дæумæ цы аиппытæ ис, ахæм аиппытæ зæххон цæрæг адæй- магмæ нæй. Æмæ Куыцыкк сыстади цæуынмæ. Азаухан ын загъта: — Нæ дæ ауадздзынæн, цалынмæ мын мæ аиппытæ зæгъай, уæдмæ. Æмæ йын Куыцыкк зæгъы: — Æз дæр дæ уый агурын, æгайтмæ дæхицæй рацыд, — Куыцыкк ын зæгъы: — Дæ бæрзæй рахизырдæм къул дарыс, дæ галиу къахæй къуылых цæуыс. Чызг нырдиаг кодта æмæ йæ мады хъæбысмæ æрхауд. Мад дыууæ дзыккуйы райхæлдта. Нымайын сæ райдыдта, æмæ дзы рахизырдыгæй фарс уæлдай хилтæ ссардта. Загъта йæ чызгæн: — Раст дын зæгъы, мæ чызг, дæхимæ зилын нæ фæразыс. Афтæ йын йæ басмахъ раласта, æмæ йæ рахиз къахы басмахъы разынд еууы нæмыг. Ныр æй Куыцыкк тынг зæрдæйæ фæрсы: — Азаухан, зæгъ-ма мын, цавæр мой кæныс, уый. — Æз ахæм мой кæнын, æмæ сау фыды цæфæй хъæрзгæ чи нæ кæна, ахæм. Стæй ногъайы цыллæбарц, цыллæдымæг æфсургъ-рæгъау ацы мæсыгрæбынмæ авд бонмæ чи æрбаскъæ- ра, ахæм мой. — Æмæ ды Куыцыччы нæ фæрсыс, уый цавæр ус куры, уымæй? — Фæрсын æй. — Уый ахæм ус куры, æмæ изæрæй райсоммæ фондзыссæдз барæджы ехсы къæдзилæй дæлфадбосы онг хæрз рæвдзæй чи арвитдзæн. Куыцыкк ын зæгъы: — Æз нæхицæй рацыдтæн æмæ мæ мад нæ зоны, кæм дæн, уый. Уымæн дæ курын, æз цæуын, фæлæ ма мын бон æмгъуыд фæкæ, аст бонмæ сæ æрбатæрдзынæн. Радта йын бон æмгъуыд. Уыцы хъуыддаджы фæдыл мад ныхъхъæр кодта, кæд ма уæ 100
уæ мыггаг хъæуы, уæд уе ’взаргæ фæсивæдæй фондзыссæдз рарвитут! Æрцыдысты йæм Биаслантæ фондзыссæдзæй. Æмæ сын мад бабар кодта: Уæ алчи дæр ссарæд бæхы фæлыст. Иннæ- тыл æрбадтысты чызг æмæ мад. Мад — кæрдгæ, чызг — хуый- гæ ’мæ сæ боныцъæхмæ саргъыл æрæвæрдтой. Куыцыкк райсомæй сыстади. Ламаз скодта æмæ сæ тынг æнаиппæй ссардта. Куыцыкк уырдыгæй рацыди сæхимæ æмæ йæ мады фæрсы: — Афтæ куы загътай, мæ фыд хорз лæг уыд, уæд ын æппын зонгæ никуы ис? — Стыр Кæсæджы цæры дæ фыдæн йе ’рдхорд, Гу. — Цæмæй йæ базондзынæн? Дæ фыд ын лæварæн ныххаста стыр тъæпæн дур. Уый йæ дуармæ æвæрд у. Ууыл баддзæн, æмæ йæ уымæй базондзынæ. — Уæдæ мын фæндаггаг сцæттæ кæн. Мад æй базыдта, нал ныллæудзæн, уый æмæ йын фæндаггæгтæ сцæттæ кодта. Араст и Куыцыкк. Кæсæджы стыр уынджы куы ацыд, уæд кæсы æмæ йæ фыды æрдхорд уыцы тъæпæн дурыл бады æмæ хъисын фæндырæй цæгъды. Куыд æгъдауæй базонгæ уа йемæ, уый тыххæй зæронд лæджы раз йæ бæхмæ æвзыста, æмæ бæх стæлфыди. Куыцыкк бæх баурæд- та. Рахызт æмæ зæронд лæгæй хатыр куры. — Бахатыр кæ, дæ цуры мæ бæхмæ кæй æвзыстон, уый аипп уыд. Йæ фыды æрдхорд æм дзуры: — Ницы кæны, мæ хур, ницы, фæлæ кæй лæппу дæ? — Æз Æмзораты Æмзоры фырт дæн. Куыцыкк дæ, зæгъгæ, йын сыстад зæронд лæг. — Куыцыкк дæн. — Æз дæ уындмæ куы бæллыдтæн, ме ’рдхорды фырт, — йæ хъæбысы йæ ныккодта. Зæронд лæг йе ’фсинмæ дзуры: — Фезмæл лæгау, мæнæ нæм зынаргъ уазæг, ме ’рдхорды фырт. — Мидæмæ йæ хонынц, æмæ сын Куыцыкк нæ комы. Куы- цыкк сын рахабар кодта: — Мæ фыды æрдхорд, æз цæуын ногъайы цыллæбарц, цыллæ- дымæг æфсургъ-рæгьау тæрынмæ, æмæ дын мемæ æнæцæугæ нæй. — Æз базæронд дæн, бæхыл сбадын мæ бон нал у, мæхи айсынæн нал дæн, — ахæм ныхæстæ йын кæны зæронд лæг. Куыцыкк зæгъы: — Кæд дын бæх нæй, уæд мæ бæхыл сбад, æз мæхицæн бæх ссардзынæн. 101 .
— Йа, мæ хур, уымæн йе ’ммадæлон уæртæ не скъæты бастæй лæууы. Куыцыкк æй фæрсгæ дæр нал бакодта. Бацыди скъæ’тмæ. Бæх раласта. Ныссæрфта йæ. Саргъ ыл сæвæрдта. Зæронд лæг йæ бон куы базыдта, нал æй ныууадздзæн уый, уæд йæ усмæ дзуры: — Мæ фæндаггаг, мæ хордзентæ. Йæхæдæг бæхыл сбадти. Кæртæн йæ алыварс — бæрзонд æмбонд. Бæхы идоны рохтæ æрбалхъывта Гу, æмæ бæх маргъы хуызæн æмбонды сæрты атахт. Куыцыкк дæр йæ фæдыл ахызт. Йæ галиуфарс бацыди. Фурды былмæ куы бахæццæ сты, уæд иу ран — нæзы бæлæсты къох. Зæронд лæг дзуры: — Цæй, Куыцыкк, ам исты куы ахæриккам. Куыцыкк æргæпп ласта. Зæронды æрхизын кодта. Фынг ын арæвдз кодта, æмæ лæг хæры, Куыцыкк уырдыг лæууы. Зæронд лæг æм дзуры, Куыцыкк, ды лæппу дæ æмæ ма бæласы сæрæй акæс, никуыцæй дæм ницы зыны? Куыцыкк бæласы сæрæй акаст. Æрæгмæгомау æрхызт æмæ зæронд лæгæн загъта? — Мæ фыды æрдхорд, дарддæр мæ дæ сæр нал хъæуы. Уый рæгъауы федта, æмæ йын зæгъы зæронд лæгæн, ныр ам лæуу, зæгъгæ. Йæхæдæг араст. Зæронд лæг ын зæгъы: — Гъе-и-и, ме ’рдхорды фырт, дæхи хъахъхъæн, хорз фæнда- гыл нæ цæуыс! — Фурдмæ-иу кæс, æмæ кæд сырх фынк хæсса, уæд Куы- цыкк фесæфти. Кæд урс фынк хæсса, уæд мын тас нæу. Куыцыкк ацыди. Фурды былмæ куы бахæццæ, уæд кæсы æмæ дæллаг фарс иу ус родтæ хизы. Ус æм фемдзаст æмæ йæ зæрдæ бауазал. Кæсы йæм æмæ йæхимидæг дзуры: кæд фурдæн йæ тæнæг агура, уæд нын дзы тæссаг нæй. Цæй тæнæг æмæ цæй цыдæр! Фурды йæ комкоммæ нылли- уырдта æмæ иннæ фарсæй сгæпп ласта. Ус æй фæрсы: — Лæппу, тыхгæнæджы хуызæн дæ? — Дæн, зæгъгæ, загъта, дæн! — Хуыцауы хатыр бакæ, де ’мгæртты хатыр бакæ, дæ фæнда- джы хатыр бакæн, æмæ мæм æрмæстдæр хæрз цыбыр рæстæг афысым кæн. Куыцыкк ын нæ комы. Ус та йын загъта ноджыдæр: — Дæ фæндаджы хатыр бакæ, мæ ныхасæн аргъ скæн! . Куыцыкк ын фæтæригъæд кодта æмæ æрхызти. Хæдзарма? йæ бакодта ус, арынг æрфæлдæхта. Йæ къухтыдзаг ссад рахат ста. Арынджы йæ æркодта æмæ йæ дзидзитæ уырдæм дуцЫ. Æртæ гыццыл чъирийы йын ракодта æмæ йын ус дзуры: ^ 102
— Курын дæ, Хуыцауæй курæгау, мæнæн æртæ фыртк уыдис, земæ мын уыцы рæгъауы фæдыл уыдонæй дыууæ мард фæци. Иунæг ма мын дзы ис. Уый дæм стыр цъæх бæхыл бадгæ фæди- сы разæй фæхæццæ уыдзæн. Курын дæ æмæ мын æй маргæ ма акæн. Цæвгæ йæ ныккæн, фæлæ фæдисы къæхты бын куыд нæ фæуа, афтæ кæй бакæндзынæ, уый æвдисæнæн ацы чъиритæй саход. Куыцыкк ын йæ ныхасæн аргъ скодта: уыцы чъиритæй сахуыста. Араст уырдыгæй Куыцыкк. Ныццыди. Кæсы æмæ ногъайы кадджын, гуыппырсар фæсивæд кафынц, симынц сæ афæдз æмбырды. Куыцыкк сæм дзуры: — Ногъайы æвзаргæ фæсивæд, фарн уæ хъазты, фæлæ уын уæ рæгъау фæтардæуы! Уыдон æм иугæйттæй дзурынц, ай æххормаг цыдæр у, зæгъгæ. Дыккаг ныхас цæм кæны: — Ногъайы фæсивæд! Фæдис, уæ рæгъау уын фæтардæуы! — Æмæ та йæм дзурынц, рацу, иу симд акæн, нæ рæгъауы мæт дæ ма уæд, зæгъгæ. Æртыккаг хатт сын зæгъы: — Уæ рæгъау мæ фыццаг уыдзæн, æмæ уæ лæгдæр чи у, уый мæ размæ рацæуæд! Уæддæр ыл не ’ууæндынц. Фæлæ сын уæд уыцы ус загъта: — Мардзæ фестут, ногъайы фæсивæд, уæ рæгъау куы нæ раздахат! Гъе уæд ныппырх ысты сæ хъазтæй, сæхи рæвдз кæнынмæ фесты фæдисмæ. Куыцыкк рæгъау æртымбыл кодта. Фурды сæ ахизын кодта æмæ сæ йæ фыды æрдхорды къухы бакодта æмæ йын загъта: — Скъæргæ кæн адон, æз фæдисмæ фæлæууон! Зæронд лæг зæгъы: — Бахъахъхъæ, Куыцыкк, дæхи. — Ма тæрс, æз ма дын æд саргъ, æд идон бæхтæ иу дыууис- сæдзы аскъæрдзынæн. Фæдис æрбакалдысты. Куыцыкк семæ хæцын байдыдта. Мад цы лæппуйы бафæдзæхста, уый йæ бæстон гæрæхтæ кæны. Куыцыкк æм дзуры: — Ма кæ, мæ хур, дæ мады дзидзийæ æртæ хъуыртты нык- кодтон! Уый йæ уæддæр нæ уадзы. Уæд æй Куыцыкк æргæрах ла- ета, æмæ бæхы бынмæ æрхауд, йæ цонг ныппырх и. Куы- цыкк æм бацыди. Къудзийы бынмæ йæ баласта æмæ йæ уым йæ бæхы раз бабаста. Фæдисы ныццагъта. Дыууиссæдз бæхы дзы æд саргъ, æд идæттæй аскъæрдта. Йæхицæй уырз æрывæ- 103
рыны йар гæбаз æнæхъæн нал уыди, фæлæ дзы стæг саст нæ уыд. Йæ ф)ыды æрдхордмæ схæццæ, æмæ йæм уый дзуры: — Цы хуызæн дæ, Куыцыкк, цы? Ницы мын у, зæгъгæ, йæ цуры бæхыл схъазыд лæппу. Æрдара ма, фенон дæ, зæгъгæ, æмæ бæхы мæсыгыл туг æркалди. Гу йæ сæр ныттылдта: ай дзæбæх "ницы" нæу! Ратардтой рæгъау æмæ йæ фыды æрдхорды хæдзармæ куы схæццæ сты, уæд ын йæ хабар радзырдта Куыцыкк, стæй загъ- та: — Курын дæ, мæ фыды æрдхорд, æмæ мын адонæй хай ма айс. Æз тыхджын ерыс дæн Биасланты Азауханимæ ацы рæгъа- уыл. Фæлæ дын мæнæ дыууиссæдз æдсаргъ, æдидон бæхтæ., Адон айс! Гу йын загъта: — Адон дæр мæ нæ хъæуынц. Аскъæр адрн дæр, кæд дын исты пайда сты, уæд. Фæлæ сæ нæ аскъæрдта Куыцыкк. Æстæймаг бон, раст си- хорыл, Дзлаты мæсыджы бынмæ баскъæрдта уыцы рæгъау. Стæй йæхи цæхсадта, ламаз скодта, йæхи æруагъта хуыссæны æмæ бафынæй. Азаухан арвыста фондзыссæдз лæппумæ Биаслантæм æмæ сын загъта: — Хъуыды ма йæ дарут, хъæрзы æви нæ. ’ Уый хъæрзгæ нæ, фæлæ хъал дæр нæ раци бонмæ. Райсомæй та ламаз скодта æмæ фæрсы: — Азаухан, цы зæгъыс ныр? Æмæ йын загъта: — Амбылдтай мæ, æцæгæй дæу дæн. Фæлæ уыйбæрц хъару кæмæ и, Куыцыкк, уымæй ма мын уыцы хъуыддаг бакæ: кæсгон æлдарæн дыууæ чызджы ис. Уыдонæн ис цад. Уым сæхи найынц æмæ адæмы хурхæй марынц. Быдыры чи вæййы сæ найыны рæстæг, уыдон зæххыл ныххуыссын кæнынц. Хъæуы чи вæййы, уыдоныл та дуæрттæ сæхгæнынц. Ды афтæ бакæн, æмæ мын уыцы дыууæ чызджы зыбыты бæгънæгæй, сындзын уисæй нæмгæйæ, ардæм стæр. Уæд æз кæдæмфæнды дæр цæудзынæн дæ фæдыл. Чызджы мад та лæгъстæ кæны: ма йæ арвит, фæсмон фæкæндзынæ! — Уыйбæрц хъару кæмæ и, уый ма уый дæр бакæндзæн. Араст та и Куыцыкк. Цады был æрæмбæхсти. Дыууæ чыз- джы сæхи куы ’рфистæг кодтой, уæд сын сæ дзаумæттæ айста.^ Бæхы фæсарц сæ æрбаста. Дыууæ чызджы уырдыгæй сындзын, ’уисæй нæмгæ ратардта. Кæсæг ныггуыпп ластой æмæ хæцый; 104
райдыдтой. Куыцыккæн йæ уæраг ныппырх, уæддæр нæ радта чызджыты. Схæццæ сæ кодта мæсыгрæбынмæ. Куыцыкк ра- хызти. Ламаз ма скодта. Ердженыл йæхи æруагъта æмæ ахицæн. Азауханы мад арвайдæнæй кæсы æмæ Куыцыччы куы фед- та, уæд айдæн зæххыл ныццавта æмæ йæ чызгмæ дзуры: — Уый тæригъæдæй фæсмонгонд фæу! Хуыцау дын цард макуы ссарын кæнæд! Азаухан Куыцыччы мард Æмзоратæн нал радта, фæлæ йын зæппадз саразын кодта. Ныр мард заппадзмæ хæссынц, зæгъгæ, уæд Азаухан йæхи хæсгардæй амардта. Иумæ сæ бавæрдтой. Дыууæ марды дæр талатæ суагътой. Уыцы талатæ кæрæдзиуыл сыздыхтысты æмæ дынджыр бæлæстæ систы. Гæлæбаты Тæтæрхъаны фырт Гасайы иыхæстæй йæ 1965 азы 25 июны Майрæмаладжы ныффыста Цагъаты Лнастасия. САУДЖЫНЫ УСЫ АРГЪ Иуахæмы Суададжы сауджыны усы мæхъхъæл ахастой. Хъæуы фæсивæд æй æфхæрдыл нымадтой сæхицæн. Хуытъи- натæй^Къуындзих, зæгъгæ, уый фæсивæдæн афтæ: — Йæхи лæг чи хоны, уый уыцы бонмæ срæвдз кæнæд, æмæ нæ сауджыны усы хæс райсæм. Фæсивæд кæрæдзийæн фæдзырдтой, æмæ дзы æрæмбырд и фондзыссæдз барæджы. Араст сты Мæхъхъæлмæ. Дзæуыгмæ бацыдысты уæтæрмæ ’мæ йæ фарстой, ахæм хъуыддаджы ф’æдыл Мæхъхъæлмæ цæуæм æмæ куыд бакæнæм, зæгъгæ. — Ахсæв ам бафæстиат ут. Райсом сæ чызджытæ ’мæ чын- дзытæ дон хæссынмæ цæудзысты гогонтимæ мæхъхъæлæн, æмæ уæд — уæ хъару æмæ уæхæдæг. Дыккаг бон Къуындзих дыууæ ’мбалы йемæ айста. Доны фалемæ бахызтысты æмæ уым бæхтыл хъазыдысты. Чызджытæ æмæ чындзытæ дон хæссынмæ куы рацыдысты, уæд бæхтыл сæ фæрсты æрбахъазыдысты æмæ дзы фæйнæ чызджы рахастой. Æрбахастой сæ Суадагмæ. Уым сыл хъæуы фæсивæд цин код- той, хъæлдзæг сæ дардтой. Мæхъхъæл сæ чызджыты агуырдтой. Суададжы цæрæг адæмæй сын зонгæ нæ уыди, фæлæ Карцамæ æрбацыдысты. Уырдыгæй æрминæвар кодтой. Минæвар загъта: — Мæхъхъæл сæ чызджыты агурынц æмæ сын цы дзуапп дæттут? — Нæ сауджыны усы нын æрбахæццæ кæнæнт æмæ сæ чыз- джыты акæнæнт. 105
Уæд мæхъхъæл Суададжы сауджыны усы тачанкæйы стыр лæвæрттимæ æрбахæццæ кодтой æмæ сæ чызджыты акодтой. 81-аздзыд чысыл ахуыргонд, цалхгæпæг Мсцъаты Æхболы фырт Гаппойы пыхæстæй йæ Хъæдгæропы 1966 азы 26 октябры пыффыс- та Цагъаты Анастасия. ФÆЙНÆГФАРС Уыдис иу æлдарæн æртæ фырты. Уыцы æртæ фыртæй дыу- уæ хистæры сæхи ракæнонхуыз дардтой. Кæстæрæн та, æвæццæгæн, Хуыцауæй уыцы курдиат уыдис æмæ уыд фæйнæгфарс. Æмæ йæ тых нæ хъæр кодта. Фæнычы фарсмæ бадт, æмæ йæ хуыдтой фæныкгуыз. Худтысты йыл, æвзæр дæ, зæгъгæ. Æлдарæн уыди фос бирæ. Уыцы фос уыдысты æнæ гæсæй хизын ахуыр. Иу заманы куы уыд, уæд фос хизгæйæ æлдары зæххы кæронмæ афтыдысты. Уыдоныл æртыхсти залиаг калм. Иу къорд бонты сæ не ссардтой. Агуырдтой сæ. Дыууæ хистæр æфсымæры фæцагуырдтой дзæвгар рæстæджыты. Ницы ссард- той æмæ уæд сæ фыдæн загътой: нæ бон нæу уыдон ссарын. Фæныкгуыз сæм хъуыста. Уый йæ фыдæн загъта, бæх ма мын ссар, æз нæ фосы фæдыл акæсон. Йæ фыд ын загъта, уæртæ бацу бæхдонмæ æмæ дзы равзар, цавæр дæ хъæуы, уый. Цæугæ бакодта, фæлæ дзы кæуыл ацыдаид, ахæм бæх йæ бон ссарын нæ баци. Иæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты. Фæныкгуыз уыдис ахæм гуырд, æмæ йæ мад дыууæизæраст- æу куыроймæ ацыд. Уым иу уæйыгимæ æмуд æрцыд, æмæ йын уымæй райгуырд. Лæппу бæхдонæй æрбаздæхт æмæ æнкъардæй бадт. Æмæ йæ йæ мад фæрсы, цы кæныс, лæппу, цæуыл æнкъард дæ, кæрдзын дын, мыййаг, нæ радтой, зæгъгæ. Уый загъта: "Кæрдзынты мæт мæ бæргæ нæй, фæлæ нæ фосы фæдыл акæ- син æмæ цæуыл ацæуон, ахæм бæх нæй!". Мад æй куы бамбæрста, уæд æй акодта, дыууæизæрастæу кæддæр кæуыл фембæлд, уыцы уæйыгмæ. Æмæ ус уæйыгæн загъта: "Мæнæ ай, дæуæй чи райгуырди, уый у. Фосы фæдыл æй тых кæнынмæ цæуын хъæуы æмæ йын радт, цæуыл ацæуа, уый". Уæйыгмæ бæхтæ куыд нæ уыдаид! Æмæ йын радта, йæ фырналатæй æфсæйнæгтæ чи хордта, ахæм æфсæн уырс. Лæппу сбадти. Хæрзбон загъта йæ мадæн дæр, йæ бинонтæн дæр. Араст йæ фæндагыл. Фæагуырдта, цас уыдаид, чи зоны, 106
фæлæ уæддæр иу заманы ссардта, калм фосыл кæм’ æртыхстис æмæ сæ кæм дардта æндарæны, уыцы бынат. Лæппу йæ цæстæй куы федта фос, уæд калмы йæ риуæмбæрц ныццавта бæхы сынæгæй. Калмæн йæ къæдзил уыди йæ дзыхы, æмæ уыцы тых цæфæй йæ къæдзил йæ дзыхæй феуæгъд, æмæ æндарæны фос ууылты акалдысты. Уыйадыл калм фæлæбурдта æмæ лæппу- йыл æртыхстис. Чи зоны, цас фæхæцыдысты, стæй йын уæд лæппу йæ бон базонын кодта. Калм чи у, уый уæд дзыхæй сдзырдта æмæ йын загъта: "Гъе ныр дæ хъару æмæ дæ тых куыд амоны, афтæ мæ фæстæ рараст у!" Калм разæй бырын байдыдта, лæппу йæ фæдыл цæуы. Ныр уыцы калм чи уыдыс- ты, уыдон уыдысты адæмы мыггаг. Æмæ тыхгæнæг адæм куыд уыдысты, уымæ гæсгæ сæ Хуыцау ралгъыста æмæ бон уыдысты калмы хуызы, æхсæв та — адæмы хуызы. Фæцыдысты иуцасдæр рæстæг æмæ иу сау хохрæбынмæ бахæццæ сты. Калм ын загъта. "Гъер ам æрхиз". Лæппу дуармæ æрхызтис. Йæ бæх бабаста æфсæн бæхбæттæныл. Мидæмæ бацыдысты сæхæдæг. Мидæгæй, къæдзæхы бын, стыр галуантæ. Уым куыддæр æрбадтысты, афтæ хур аныгуылд, æмæ залиаг калм фестади зæронд лæг. Уыцы зæронд лæг æрбадти бандо- ныл. Зæронд лæгæн йæ ус рахызтис. Уазæгæн "æгас цу" загъта. Уый дæр зæронд ус. Ныр цы агъуысты бадти, уымæн йæ цыппар фисыныл уыди цыппар дуары. Иу дуарæй дзы рахызти фондзыссæдз лæппуйы. Чи куыд хистæр уыд, афтæ цыдысты лæппумæ æмæ йын "æгасцу- ай" кæнынц. Иннæ дуарæй рахызти, уыцы фондзыссæдз лæппуйæн сæ бинрнтæ. Уыдон дæр ын, чи куыд хистæр чындз уыдис, афтæмæй "æгасцуай" кæнынц. Æртыккаг дуарæй рахызт нудæс æмæ цып- парыссæдз чызджы. Уыдон дæр куыдхистæрæй, "æгасцуай" загъ- той уазæгæн. Цыппæрæм къуымы дуарæй йæм æппынæрæджиау рахызт иунæг сызгъæриндзыкку чызг. Куы рахызт, уæд агъуыст ныррухс, чызджы сызгъæрин дзыккуты рухсæй. Уыцы чызг лæвæрдтой, чи сыл фæуæлахиз уыдаид, уымæн. Лæппу уыцы ран иу къорд бонты аззад, куыд уазæг, афтæ. Стæй уæд йæхи зæрдæмæ дæр фæцыд æмæ уыцы сызгъæриндзыкку чыз- джы ракуырдта. Иу къорд бонты йæ каистæм фæцарди. Ныр лæппуйы йе ’фсымæртæ банымадтой сæфтыл. Хистытæ йын фæкодтой. Фос сæ хæдзарыл сæмбæлдысты, калмы дзыхæй кæй ауагътой, уыдон. Лæппу иу къорд бонты фæстæ йæ каисты зæронд лæгæн загъта, æз хæтæг лæг дæн æмæ иу ран бадынæй хъыг кæнын. Радта йын зæронд лæг хæцæнгæрзтæ. Йæхи бæхыл сбадт æмæ 107
йын бафæдзæхста зæронд афтæ: хуссарварс фæндагыл ма ацу. Ацæудзынæ, цæгатвæрсты цы дыууæ фæндаджы и, уыдонæй иуыл. Хуссарварс фæндагыл та уыдис æвдсæрон уæйыг. Уымæн та — чызг. Уыдонæн дунейыл тыхгæнæг тых нæ ардта. Уыдопæй тарсти зæронд лæг йæ сиахсæн. Лæппу рараст. Уыцы фæндæгтæм куы бахæццæ, уæд æрлæу- уыд æмæ хъуыды кæны, мæнæн худинаг у, ацы тæссаг фæндаг хуссæрттыл кæдæм цæуы, уый куы нæ базонæн, уæд. Æмæ ацыд уыцы тæссаг фæндагыл. Ныр уыцы зæххытæн сæ хурыскæсæн фарс хъахъхъæдта фыд, хурныгуылæн фарс та — чызг. Дыууæйæн дæр зæххыты кæрæтты уыд агъуыстытæ. Лæппуйы Хуыцау бауагъта, чызг чердыгæй уыди, уыцы фарсыл. Лæппу сагыл сæмбæлдис. Асырдта йæ. Иу æрдузы йæ бай- йæфта æмæ йæ уым амардта. Саг куы фæцæф, уæд ма баирвæзт иу стыр æрдузмæ æмæ уым ахаудта. Уыцы змæлд чызг фе- хъуыста æмæ уырдæм æрбахæццæ. Чызгыл уыдис лæджы дзау- мæттæ. Чызг æй куы ауыдта саджы фыдæй физонджытæ кæнгæ, уæд фæмæсты æмæ йæ фатæй æрбахста. Лæппу фæцæф и, фæлæ февнæлдта йæ гæрзтæм. Фехста йæ, æмæ чызг дæр фæцæф. Уыйадыл хæцынтæ байдыдтой чызг æмæ лæппу. Лæппуйы фæрстæ байдзаг сты фатæй. Чызджы фæрстæ бай-дзаг сты нæмыгæй. Куы ’ризæр, уæд чызг лæппумæ дзуры, уæдæ кæд ахæм хъæбатыр дæ, уæд-иу райсом ацы æрдузмæ рацу, зæгъгæ. Лæппу кæдæм ацыдаид æрдузæй! Уыцы цæфтæ ’мæ фæлладæй ма цы йæ бон уыд, уымæй йæ саджы мардæй æхсæвæр скодта. Райсомæй та йæм чызг фæзынд. Афтæмæй æртæ боны фæхæцы- дысты. Чызгмæ уыдис ахæм хостæ, æмæ иу изæры куы бацыди, уæд- иу йæхи сбæгънæг кодта, йæ буар-иу уыцы тугæрхæмтæй бад- ти. Ныр уыдон кæрæдзиуыл дис кодтой. Чызг афтæ: цæй фи- дар у, утæппæт фæттæ кæуыл хауынц, уый куыд нæ мæлы! Лæппу дæр афтæ: уый æппæт нæмгуытæ кæуыл хауынц, уый куыд нæ мæлы. Уый домбай у! Æртыккаг изæр куы уыди, уæд лæппу æрхъуыды кодта æмæ загъта йæхицæн: ай кæцæй цæуы, уый куы бабæрæг кæнин, райсомæй мæм уыцы æвæлладхуызæй кæцæй æрбацæуы. Лæппу гурæй-гурмæ йæ фæстæ ацыдис. Аивæй йæм касти. Федта, йæ цæфтæ куыд дзæбæх кодта, уый. Базыдта, сылгоймаг кæй уыд, 108
уый дæр. Хостæ кæм æрывæрдта, уый дæр бахъуыды кодта. Лæппу сæ уырдыгæй аивæй айста. Æрдузмæ æрцыди фæстæмæ. Уым йæхи сдзæбæх кодта хостæй. Райсомæй чызг, йæ хостæ уым нал сты, уый куы федта, уæд бардиаг кодта, уæдæ ма гъер цы фæуыдзынæн, зæгъгæ. Цыппæрæм райсом та, сæ нысангондмæ гæсгæ, чызг æрдузмæ æрбацыд æмæ лæппумæ дзуры, махæн хæцæнгæрзтæй адзал нæй, хъæбысæй хæстмæ æрцæуæм, зæгъгæ. Уыцы курдиатмæ гæсгæ хъæбысæй хæстмæ æрцыдысты. Бонсауизæрмæ хъæбысæй фæхæцыдысты. Иу иннæмæн бар нæ лæвæрдта, нæ састис. Из- æры йæ уæддæр лæппу абырста. Уæд чызг загъта: "Ныронг мæнæн тыхгæнæг тых никуы ссардта! Ныр дæ хонын мæ хæдзармæ». Ацыдысты иумæ. Чызг ын йæ хабар радзырдта, фыд æмæ чызг кæй сты, сæ бæстæ куыд хъахъхъæнынц, уый. Стæй йын загъта, мæ пыхас афтæ у, æмæ мын тых чи бакæна, уымæн комын æмæ мыл барвæсс. Лæппу уым иу къорд бонты цæргæйæ баззади. Ныр йæ фыццаг каистæ фыстой хъалон чызджы фыдæп. Иу заманы та лæппу загъта чызгæн, æз цуанон лæг дæн æмæ иу ран бадын мæ бон нæу, зæгъгæ. Чызг ын загъта: мæ фыд дæ пæма зоны æмæ хурыскæсæнмæ ма ацу, æндæр, кæдæм дæ фæнды, уырдæм ацу. Уый уæддæр уымæ нæ байхъуыста æмæ, йæ фыд кæм уыди, уыцы бæстæм бацыди. Уæйыджы хæдзар ссардта. Бацыди. Уым фынгыл дынджыр саджы мард. Æрбад- ти лæппу æмæ дзы йæхи хорз федта. Æнхъæлмæ кæсы уæйы- джы æрбацыдмæ. Уæлкъæсæр йæхицæн бынат скодта, æмæ уым æрæмбæхст. Куы фæизæр, уæд уæйыг æрбацыди. Куыддæр уæйыг ауыдта, йæ саджы мард хæрд у, уый, афтæ фæхъæр кодта: — Чи куыдз, чи хæрæг! Мæ саджы мард мын чи бахордта! Лæппу дæр æй æрцъыкк ласта æмæ йын йæ иу сæр акъуырдта. Уæд æм æрхызт. Уæйыгæн йæ тых асаст æмæ йæм дзуры: — Ма мæ амар, æмæ дæхи дзыхæй цы курыс, уый дып рат- дзынæн! — Æмæ дæм цы ис? — Мæнæн иу адæм хъалон фидынц алы аз дæр сызгъæринæй дæс путы. Уыдон дын ратдзынæн, стæй мæ мулкæп се ’мбис. Лæппу йæ амардта. Рахаста йын йæ мулк. Ууыл дыууæ боны куы ацыдис, уæд уæйыджы чызг та йæ фыдмæ ацыди, мæ фыд мын мæ лæджы куы амара, зæгъгæ. -7Ербацыд æмæ йæ фыды мардæй æрбаййæфта. Лæппу фæидагыл цæуы йæ каистæм. Кæсы, æмæ фæпдагыл 109
æхсыры цады сæхи ыайынц Хуры чызг æмæ Мæйы чызг. Уыдон уыцы æхсыры цады найгæ куы федта, уæд хъæдбыныйæхи бафс- найдта. Æхсæвы цады фарсмæ дзыхъхъ скъахта. Йæ сæр ын дидинджытæй рæсугъд саив кодта, йæхæдæг бынæй сбадти. Йа^ бæх бабаста фæсвæд. Райсом, сæ найын афон куы ’ртахтысты, уæд сæ дзаумæттæ уыцы дидипджытыл авæрдтой. Уыдон æхсыры цадмæ куы ныг- гæппытæ ластой, уæд лæппу фестади. Сæ дзаумæттæ сын ам- бырд кодта, йæ бæхыл абадт æмæ дæлдæр ныццыди. Лæппу сæ.' хъуыды дардта, æмæ куы сыстадысты, уæд уый дæр пыхсæй’ рахызт æмæ фæндагыл рараст. ! Чызджытæ сæ дзаумæттæ уым куы пал федтой, уæд бакатай; кодтой, уæдæ цы фæуыдаиккой нæ дзаумæттæ, зæгъгæ. Сæ иу иннæмæ дзуры, уæдæ ма бæласы сæрæй акæс, пикуы ничи ис?; Чызг акаст æмæ дзуры, далæ дард ран иу барæг фæцæуы, æндæр ’ ыикæм ницы ис. Асырдтой йæ фæсте æмæ йæм хъæр кæныпц: , — У-у-у, дæлæ барæг, нæ дзаумæттæ нын ратт, æмæ дæ; дзыхæй цы хорз курай, уый дын сараздзыстæм! Уый сын загъта: — Ницы хорз мæ хъæуы. Æрмæст мын уæ дыууæ дæр сразы; ут æмбалæн. Дзырд ып радтой. Сæ дзаумæттæ сын радта, æмæ ацыдысты йемæ. Ныккодта сæ йæ каистæм. Йæ каистæ йып куывдтæ1, фæкодтой. Уыцы чызджытæп чындзæхсæвтæ скодтой. Æртæ, чызджы иумæ бацардысты. Иу къорд бонтæ куы рацыд, уæд лæппу загъта йæ каистæн: "Каистимæ цæрын худинаг у æмæ мæнæн ам цæрæн нал ис. Æз. хъуамæ ацæуон æмæ мæ фыды зæххыл мæхицæн хæдзар скæнон. Уыйадыл рацыдысты йæ каистæй йæ æртæ сылгоймагимæ. Кал- мы чызг рахаста йемæ ахæм нымæтын.ехс, æмæ, йæ фыды зæххыл калмы дзыхæй фос кæм суæгъд кодта, уым æрцавта, æмæ дзы æртæ æддæгуæлæйы цъæхсæртæ фестад, æмæ уым; æрцардысты. '[ Уæд иу рæстæджы лæппуйы фыды зæхгæстæ арæнтыл зылды--, сты æмæ уыцы хæдзар федтой. Фæхабар кодтой æлдармæ, , дæ зæххыл дын агъуыстытæ счындæуыди, сæ цъæх сæртæ* æрттивынц дардмæ, зæгъгæ. Æлдар йæ бæхыл сбадт æмæ иу» къордимæ рацыди. Бацыд йæ фырты хæдзармæ. Йæ фыртьп хæдзар æмæ йын йæ бинонтæ куы федта, уæд æм хардзау: æркаст æмæ йыл фыд галиумæ разылди. Уыцы мæстæйдзагæй^ рацыди фыд æмæ йæм минæвæрттæ барвыста: "Æртæ бонм#» 110
мæ зæххæй куы нæ фестай, уæд дæ фæнык фестын кæндзынæн!" Лæппуйы мæт бацыди. Ныр кæдæм фæцæуон, искæй зæххыл куыд æрцæрон! Калмы чызг ын загъта: "Дæ сæрмæ йæ ма схæсс!" Кæд дæ фыдæн йе ’ннæ фырттæн цæрыны бар ис йæ зæххыл, уæд ыл дæуæн цæуылнæ ис?! Æз мæ цæгатмæ арвитдзынæп, æмæ дын уыдон æрбарвитдзысты æфсад, цас дæ хъæуа, уый- ас". Лæппу уæд барвыста йæ фыдмæ: "Æз дæ мулкæй ницы ба- цагуырдтон, зæххæй мæм цы хауди, ууыл æрцардтæп. Ныр дæ цы фæнды, уый кæн!" Уæд æм фыд æрбарвыста, уæдæ уыцы бон æмæ уыцы бон дæхи цæттæ дар хæстмæ, зæгъгæ. Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ калмы чызг устыты бафарста, тых ныл цæудзæн æмæ сымахмæ та цы хъару ис, цæмæй бах- хуыс кæндзыстут, зæгъгæ. Хуры чызг загъта: "Мæнæн мæ боп у, знаджы æфсад кæм хæцой, уырдæм ахæм хур раттыи æмæ дæттæ бахус уыдзысты, æфсад тæвдæй мæлдзысты. Нæхиоптæ кæм хæцой, уым та уыдзæн асæст, дæттæ сæ бынæтты уыдзыс- ты". Мæйы чызг загъта: "Мах æфсæдтæ кæм уой, уым уыдзæни сау мæйдар. Уыдон æфсæдтæ кæм уой, уым та — боны хуызæн мæйрухс. 'Уыдон махонты нæ уындзысты, æмæ сæ махоытæ афтæмæй цæгъддзысты". Се ’мгъуыды бон куы уыд, уæд калмы чызг барвыста йæ цæгатмæ. Æрбарвыстой йын æртæфондзыссæдз адæймаджы хæцæг адæм æд гæрзтæ. Уыдон уыдысты фистæг æфсад. Æртæ фондзыссæдзы та бæхджын æфсад. Се ’мгъуыды бон æрлæу- уыдысты хæцыныл. Хуры чызг куыд загъта, афтæ уыдон æфсад скъуыдысты хурæй, дон сын баназынмæ нал уыдис. Æнæ донæй хаудысты. Æхсæвы куы баталынг, уæд та Мæйы чызг куыд загъта, афтæ уыди: саумæйдар аууон скодта лæппуйы æфса- дыл. Уыдон та мæйрухсы уыдысты æмæ сæ афтæмæй цагътой. Лæппуйы æфсад фæуæлахиз сты, уымæй йæ бон куы базыдта æлдар, уæд фидауц агурын байдыдта. Æрвиты: бафидауæм æмæ "а"-мæ, "о"-йæ цæрæм. Бафидыдтой. Лæппуйы хонынвæнд скодтой. Тыхджын фынгæвæрд сарæ- зтой æмæ йæм æрбарвыста, кæимæ дæ фæнды, уыимæ сæмбæл мæ хæдзары. Калмы чызг зондджын уыди, æмæ йæ базыдта, хинæй йыл кæй цæуынц æмæ йæ марынвæнд кæй кæнынц, уый. Чызг ацыдис æмæ йæ цæгатæй æрбакодта иу къæбыла. Бафæ- дзæхста лæппуйæн афтæ: "Куы бацæуай æмæ фынгыл куы сба- дай, уæд ацы къæбылайы бауадз. Кæд æмæ фынгтыл уæлæмæ смудгæ ссæуа, дæлæмæ раздæха æмæ дзы сахода, уæд хæр. Кæд æмæ сыл дæлæмæ мизгæ рацæуа, уæд лидзыны кой кæп. 111
Чызг ын куыд бафæдзæхста, афтæ бакодта. Æмæ сыл къæбыла дæлæмæ мизгæ рацыди фæнгтыл’. Лæппу уый адыл фестади йæ хуыпд адæмимæ æмæ ралыгъдысты. Къорд бонтæ куы рацыди, уæд та æлдар йæ фыртмæ æрбар- выста: "Фидауц дæ курын æмæ рацу æмæ бафидауæм". Дыккаг хатт та йæ ахуыдтой. Уыцы къæбыла дæр та семæ уыди. Уый, фынгтæ куы ’рывæрдтой, уæд сыл уæлæмæ смудгæ ссыди æмæ сæ дæлæмæ хæргæ рацыди. Уæд æрбадтысты æмæ хæрын бай- дыдтой. Лæппуйыл йæ мад æмæ йæ дыууæ чындзы сардыдтой, æмæ йын уыдоп нуазæнтæ —дæтгæ. Лæппу фæрасыг. Æхсæв уым баззади. Йæ хуынд адæм рацыдысты. Загътой сын ам æй .уадзут, нæхи лæппу у, æмæ иу æхсæв ам куы аззайа, уæд ницы хъыгдары. Уыдон бавдæлдысты æмæ æхсæвы лæппуйæн йæ цæстытæ скъахтой. Аластой йæ дард зæххы кæронмæ æмæ йæ иу сау хъæды аппæрстой. Къæбыла дæр йемæ ацыди. Райсом æпхъæлмæ кæсынц йæ бинонтæ. Лæг куы нæ зынд, уæд дыууæ лæджы барвыстой йæ бинонтæ, нæ лæг кæм и, зæгъгæ. Æмæ сын афтæ: — "Дысон йæ хуынд адæмы фæстæ куы ацыди". Хуры чызг æмæ Мæйы чызг сæ уæларвон базыртæ акодтой, æмæ йæм агурæг ацыдысты. Хуры чызг бафарста Хуры: "Хур кæдæм нæ кæсы, ахæм бæстæ кæм и?" Бацамыдта йын æй, кæм и, уый. Ссардтой йæ. Авд хохы æддæмæ атахтысты æмæ цæстытæй дзæбæхгæнæн хос ссардтой. Æрхастой хос. Йæ цæстытæ йын байсæрстой. Сдзæбæх и. Ракасти йæ цæстытæй. Сæ хæдзармæ æрцыдысты. Цæрынц дзæбæхæй. Иу заман лæппу йæ бæхыл сбадтис. Йæ фыды хæдзармæ бацыди. Лæппу йæ фыды раз Хуыцаумæ скуывта, кæд æмæ дын исты æвзæрдзинад ракодтон, уæд ам, дæ разы, цавддур куыд фестон! Кæд гемæ мыл рæстæй уыцы зындзинæдты бафтыдтай; уæд та ды ам цавддур фест! Фыд цавддур фестади — лæппуйы æлгъыст ыл æрцыдис. Лæппу æрбацыдис йæ хæдзармæ. Абон дгер ма цæрынц дзæбæхæй, хорзæй. Чи нæм хъусы, уыдон дæр, уыдон æрцыдмæ дзæбæхæй фæцæрæит! 68-пзлзыл Гутппты Хъпсболпты фырт Микъплппы (Ногпиы) ныхæстæй иæ 1965 пзы 19 пюны Хæтæллоны пыффыстп ЦагъитЫ Лнпстпсия. Лпторы фæндопмæ песгæ гопорар лæиæрл цæуы ’ "Мах луг»-сЕП. 112
РÆСТÆГ-РÆСТÆВЗАРÆН ÆЛБОР ТЫ Хадзы-Умар ВАРВÆРТÆ Хæсты бонты боныгæй Фашизм — это ложь, изрекаемая бандитами. Э. Хемингуэй -æм январь. Уаты — сæумæрайсомы тар. Æрыхъ- ал мæ кодта телефоны дзæнгæрæг. Сылгоймаджы зонгæ хъæлæс тынг тыхстæй, йе ’рхæцгæ улæфт ын хъусын хæтæлæй: — Хадзы-Умар, гуырдзы æрбабырстой, горæт гуырдзыйæ байдзаг! Æваст мæ ком ахус, мæ хурхысæртæ адымстысты æмæ æддæмæй аззадтæн. — Цы ми кæныс, нæ мæ хъусыс? — ногæй та уыцы хъæлæс, фæрсы мæ знæтæй, мæстыйæ. — О, фехъуыстон дæ, — сдзырдтон æрæджиау. — Рæвдздæр дæ дзаумæттæ акæн. Телефонæй мæм дзырдта чиныгуадзæны кусæг. Уый цæры, цады был цы бæстыхæйттæ ис, уыдонæй иуы. Сæ рудзгуытæ — Згъудеры къуылдымырдæм. Гурырдыгæй машинæты рухсыты æнæскъуыйгæ рæхыс уырдыгмæ, горæтмæ, цæугæ куы федта, уæд ын хъуыддаг цас бамбаринаг уыд? Уæдмæ се ’цæгæлон, тыххæссæг уынæр æнхъæвзын байдыдта горæты сабыр, нырма фынæй чи уыд, уыцы уынгты. Тагъд-тагъд акодтон мæ дзаумæттæ. Æрхызтæн уазал кæртмæ. Мамсыры-фырты уынгыл Сталины уынджырдæм тын- дзын. Фæстаг бонты хабæрттæ кæрæдзи ссæндынц сæрымагъ- зы. Цытæ бавзæрстам, цытæ æвзарæм æмæ ма ноджы цытæ бавзардзыстæм, иугæр горæтмæ дæр æрбаирвæзтысты, уæд? Уый сын нæ бантыст уартæ фарон фæззæг, дæс æмæ нæм дыу- уиссæдз минæй "Икарус" æмæ рог машинæтыл куы ’рбафсад кодтой, уæд. Нæ лæппутæ сын иу армыдзагæй, кæрæдзийы цæнгтыл æрхæцгæйæ, къæдзæхы бын æрæхгæдтой сæ фæндаг. Галæй æрбацыдысты æмæ хъугæй аздæхтысты. Фæлæ ныр... 113 8 Мах дуг№ 4, \ГУ)
Тæккæ знон дæр ма уырыссаг инæлар Воронов радиойæ ад æмы куы фæдзæхста: уæ зæрдæ, дам, фидар уæд, мах горæтма никæй æрбауадздзыстæм. Нæ лæппутæй æрбацæуæнты чи лæу’ уыд, уыдоныл азылдысты æмæ сын сисын кодтой сæ пикеттæ ацæут, дам, уæ хæдзæрттæм, мах, дам, ам не стæм, горæт хъахъ- хъæнын махæн баргонд куы у! Ныр акæс, цытæ бакодтой, уымæ Сталины уынджы фæзилæны мын бамбал пединституты ироь кафедрæйы доцент Хуыгаты Илья. Цæуæм дыууæйæ афтид уы№ джы, тындзæм, стæм хатт нæ исчи исты сдзуры, афтæмæй. Сив: гъуыдтам Къобылы-фырты уынгæй, Советты уынджы тигъмзе куы схæццæ стæм, уæд нын нæ раз æрæхгæдтой гуырдзиа1 дзыхæй дзурджытæ милицæйы дарæсы æмæ æнæуи дарæсы дæр, Иу-цалдæр та дзы куыйтимæ уыдысты, хъуырбостыл хæцгæ лæууыдысты æддæдæр. Ильяйы ауагътой, уымæ цыдæр гæххæтт разынди, мæн нæ уадзынц, документ мæм нæ уыд. Æз сын загъ^ тон: ,' — Чи стут, цы уæ хъæуы ам, мæ куыстмæ мæ цæуылнæ уа- дзут? Илья сын мæн амоны, фыссæг у, редактор, рауадзут æй; зæгъгæ. Йæ ныхæстæ сæм бахъардтой æви нæ, уый нæ зонын, фæлæ мæ мæ фæндагыл ауагътой. Уырдыгæй суанг театры раз фæзуаты онг Сталины уынджы æмæ йæ алыварс уынгты дæр алы ран дæр æлдариуæг кодтой сау дарæсджын гуырдзиаг милицæ, уыди се ’хсæн, хуымæтæджы дарæс кæуыл уыд, ахæмтæ дæр дзæвгар, "неформалтæ" кæнæ "легионертæ" кæй хуыдтой, уыдон.'ч Театры раз фæзуатæн базонæн дæр нал уыд: "Икарус"-тæ дзь1 лæууыдысты цæхгæр-мæхгæрты, уæлейæ, Богирырдыгæй, ноджы, цыдысты æмæ цыдысты. Фæзуаты цы машинæтæ лæууыд, уыдоь^ алыварс, стæй тротуартæ æмæ скверты, бæлæсты бынты дæр — милицæ æмæ граждайнаг дарæсы адæм, иууылдæр æцæгæлон, иууылдæр гуырдзиæгтæ, къордтæ-къордтæй, тæнджынтæ фылдæр. Милицæйы дарæс сæ уæнтыл, сæ тæнтыл не ’ххæссыд æмæ—æнæ рон, æнæ æгънæгæвæрд. Уымæй дæр бæрæг уыд, адон милицæмæ кæй ницы бар дардтой. Сæ алы фезмæлдæй, сæ алы ныхасæй дæр бæрæг уыди сæ ахаст, кæдæм æрбалæгæрстой, хуыснæджы цыд кæдæм æрбакодтой, уыцы горæтмæ, уыцы бæстæм, уыцы адæммæ: æнæфсарм, æнæджелбетт. Ильяимæ Къостайы уынджы уырдыгмæ ацыдыстæм. Совет- ты хæдзары раз — цалдæр гуырдзиаджы граждайнаг дарæсы,. сæ къухты — автоматтæ. Сæ иу, мах фенгæйæ, размæ, асин-:/ тырдæм, фæцæуæг, цыдаид ыл-иу авд æмæ ссæдз азы. АсинтыЛ^ сызгъоргæйæ, фæтъæлланг кодта: 114
— Штурмит авигъот, амати деда!.. (Штурмæй йæ байсæм, адон мадæн!..) Дыууæ ’ртæйæ — йæ фæдыл. Автоматы фæстагæй цалдæр цæфы фæкодта уæззау дуар æмæ уый дæр байгом. Æз сын: — Цæмæн сæттут дуæрттæ, æхгæд куы нæ сты, уæд? Дуар сæттæг мæм йæ мыстхуыз цæстытæй иу каст фæкодта, фæлæ йæм мæнæн зæгъинаг ницы разынди. Мидæмæ бахизынæй бынтон æдас дæр нæ уыдысты, уымæ гæсгæ къæсæргæрон лæу- уыдысты, цæвиттон, уырдыгæй хонæджы фæсидтмæ æнхъæлмæ кастысты. Уыдон уым лæугæ ныууагътам, нæхæдæг фæстæмæ раздæхтыстæм. Мидхъуыддæгты управленийы хæдзармæ ныццыдыстæм, цæмæй горæты комендантæн нæ протест загътаиккам хæддзу уазджыты æнæзакъон миты тыххæй. Фæлæ управленийы къæсæрыл хъахъхъæнæг слæууыдысты, Уæрæсейы мидхъуыд- дæгты æфсады æфсæддонтæ, горæт хъахъхъæнынæй нын ныфс кæмæй æвæрдтой, уыдон æмæ нæ мидæмæ нæ бауагътой. Мах нæ бауагътой, фæлæ уыцы изæр нæхионтæй радиойæ адæммæ, сабыр цæмæй уой, сæ хæцæнгæрзтæ коменданты размæ куыд æрбахæссой, уый чи дзырдта (уæд, дам æнæхъæлæбайæ аздæх- дзысты гуырдзыйы милицæ), уыдон раз уæрæх гом разындыс- ты сæ дуæрттæ. Раздæхтыстæм. Фæзуаты ма калакаг автобустыл ноджыдæр бафтыди, ныр уыдонæй æмæхгæд уыди. Цалдæр зонгæ лæджы — чъребайæгтæ иуварсæй æрхуым цæстæй кæсынц. Куыстмæ ссыдтæн. Пединституты раз дæр — гуырдзы. Цалдæр хатты æрцыдтæн театры фæзмæ. Гуырдзиæгтæ сæ куыйты хъуыр- бостыл хæцгæ, хъыхъхъаг каст кæнынц — гуырдзиæгтæ дæр, куыйтæ дæр. Бастдзинады хæдзар бацахстой. Ленины уынджы сæмбæлдтæн Хъороты Сосланыл, ноджы ма дзы чидæртæ уыди. Зæрдæ иу ран лæууын нæ фæразы. Ацы- дыстæм уырдыгмæ. Исахъы уынг Хъайтарты уынджы онг, ба- цахстой гуырдзы. Ацыдыстæм дарддæр. Советты уынджы цур фæзынди пикеттæ нæ лæппутæй. Хъайтарты уынгмæ бахыз- тыстæм, сыздæхтыстæм Исахъы уынгмæ. Уым дæр — махонтæ. Федтам сæ. Нырма дзы уæлдай диссагæй ницы ис. Нæ лæппутæ знæт ныхас кæнынц гуырдзиæгтимæ. Æз сæм бацыдтæн, баф- æдзæхстон сæ, æгæр ма схъуырæй-хъуырмæ уой: адон хæрзæбон не ’рбацыдысты. Гуырдзиаг милицæ загътой (Хъайтарты уынг æмæ Исахъы уынг кæм баиу вæййынц, уым фæзуаты чи лæууыд, уыдон): мах æхсдзыстæм хæрдмæ, æмæ нæ сымах дæр ма æхсут. Чи зоны 115
дзы уыди, сыгъдæгзæрдæйæ афтæ чи хъуыды кодта, кæй фæсайдтой æмæ Гуры ’фсон Чъребайы кæй балæууын кодтой, уыдон æхсæн, — мæлын кæй фæнды? Фæлæ ныхас йæхæдæх; амыдта, хæсты хъуыддагмæ сæ схойæг кæй ис, æндæр сæ хæрдмæ æхсыны сæр цæмæн хъуыдис, цы сæрæн. Нæхимæ сихорыл къæбæр бахордтам. Зæрдæ æддæмæ æхсайы. Ацыдыстæм та горæтмæ. Ленины уынджы цæуæм уæлæмæ. Исахъы уынджы гуырдзы сæ фидæрттæ æрæвæрдтой — автобустæ сæвæрдтой цæхгæрмæ, ахицæн кодтой Ленины уынг. Æппæты разæй сæвæрдтой донæхсæн машинæ, цыдæр мифон теуайы хуызæн бæрзонд слæууыд æмæ Ленины уынджы кæрæй-кæронмæ уырдыгмæ фæлгæсы. Уый сын цæстсайæн ми уыд, æндæр фидæрттæ аразджытæ иууылдæр — милицæйæ — æнæмилицæйæ автоматтæ æмæ пулеметтæй ифтонг куы уыды- сты, уæд ма донæхсæнтæ цы мардтой? Се ’схæнты цъæх джинс дарæсы иу фæтæнтæгонд æрыгон лæппу рауай-бауай кæны, куы иуæн, куы иннæмæн къухæй цыдæр ацамоны. Фидар кæнынц сæ хæстон позици. Ам дæр куыдзджынтæ — бирæ. Алырдыгæй — гуырдзиаг ныхас, баст куыйты рæйын. Фæзынд БТР дæр, Исахъы уынгыл уæлæмæ сфардæг. Мах, автобусæй къулы ’хсæн ма цы зыхъхъыр ныууагътой, ууылты ахызтыстæм. Зæгъæн ис, гуырдзыйы уыцы сахат мах не ’ндæвтам, æрмæст тротуармæ æввахс иу гуырдзиаг автобу- сыл банцой кодта æмæ, цыма цавæрдæр уæвæгойтæ уыдыстæм, уый каст нæм кодта. Æхсызгон мын кæцæй уыдаид цавæрдæр хæддзуйы ахæм цæстæнгас мæхи уæзæгыл, æмæ йæ цурмæ куы баввахс дæн, уæд мын ме ’взаджы цъуппыл цыдæр тых авæрдта уырыссаг литературон реминисценци æмæ йæ, барæй æви æнæбары мæ мидхъуыдыйы сдзырдтон: "Дожить вам до рас- света!" Уый мын цыма мæ ныхас фехъуыста, уыйау йæхи фæгæмæл кодта, йæ цæстытæ мæ дыууæ судзинау фæсагъта, фæлæ дзургæ ницы скодта, æрмæст мæ фæдыл мæстыйæ касти. Фæлæ куы зæгъын: уый æз мæ мид-зæрдæйы загътон, æмæ мæ мид-зæрдæйы ныхас та уый куыд фехъуыстаид? Ногдзауты паркыл театры дæллаг фæрсты комкоммæ Ста- лины уынгмæ бахызтыстæм. Уым гуырдзы лæууыдысты бирæйæ. Сæхи ныл æрбакалдтой. Мæнæн мæсты ныхас бацайдагъ семæ. Сæ иу афтæ: ай, дам, æвæццæгæн, Адæмон Ныхасæй у, баджи- гул ма йæм кæнут! Чидæр мын йæ къух мæ пъалтойы риуы дз’ыппы фæцавта. Æз ын йæ къух ацахстон æмæ йæ фæрсын: "Зæгъ-ма, цы дзы нывæрдтай?" Ницы, дам. Раст разынд йае ныхас, æмæ йæ уæд æз дæр суæгъд кодтон. Сæ митæм басТ; 116 ;
хæрæг дæр нæ фæлæууыдаид æмæ сдзырдтон, зæгъын мах рæстæг дæр дард нал у. Æмæ фехъуыстон дзуапп: "Абон мах рæстæг у, æмæ уæ иууылдæр хъуамæ фæцæгъдæм!" Хъыгаг ныхас загъта, фæлæ йæ ныхмæ цы зæгъæн уыд: раст у, уыдон рæстæг у ныр, абырджыты рæстæг, æмæ искуы мах рæстæг дæр æрцæудзæн, уый зонæг чи у. Партийы обкомы хæдзары раз ныл амбæлдысты Тъехты Юля — обкомы нымæрдар æмæ Хъуылымбегты Доменти — обкомы агитаци æмæ пропагандæйы хайады гæс. Уыдон цыдысты гор- æты комендант Кванталианийæ. Обкомы хæдзармæ нæ нал ба- уагътой, уым гуырдзы хицау систы, фæлæ мын Юля ракодта цымыдисаг хабар: горæты комендант инæлар-майор, дам, мын афтæ зæгъы (хин та кæм нæ у!), æз, дам, ныртæккæ ам цы адæмимæ дæн, уыдон сымах хъахъхъæнынц, фарон ам чи уыд æмæ фыдмитæ чи фæкодта, уыдонæй. Æрбацæуинаг, дам, сты æмæ мах сæ разæй фестæм, цæмæй сымах ма хъыгдарой. Уæдæ, господин Кванталианийыл мах мæтæй хуыссæг нæ хæцы! Мæ цæстыл ауад йæ аразгæ мидбылхудт, йæ рувасы митæ дыууæ-æртæ боны размæ обкомы æмбырдтæаразæн залмæ æрбацæугæйæ. Пленум кæнын нын нæ бауагъта, комендантон уавæр, дам, уæм ис æмæ ахæм рæстæджы æмбырдтæ аразын не ’мбæлы. Стæй дам уæ П-æм январæй фæстæмæ цасдæриддæр фæнды, уыйас пленумтæ кæнут. Хъуыддаг хъæлæсæппæрстмæ æрцыд, æмæ Кванталианийы дзырд тынгдæр акарста — уый фылдæр хъæлæстæ райста. Мæ зæрдыл æрлæууыд, уым агро- промы сæрдары хæдивæг Цоциты Валентин куыд смæсты æмæ йæ маст кæуылдæрты куыд акалдта, уый. Валентины мастæн бындур кæй уыд, уый рабæрæг кодтой уымæй фæстæмæйы хабæрттæ. Пленум арæзт куы ’рцыдаид, уæд дзы сбæрæгчынд- æуыдаид Хуссар Ирыстоны политикон уавæр æмæ уырдыгæй рацæуыны мадзæлттæ æмæ уæд, чи зоны, ахæм дагъытъайлаг уавæрмæ дæр не ’рхаудтаиккам. Фæлæ пленумы уæнгтæн сæ фылдæр равдыстой, политикон æгъдауæй куырм кæй сты, уый, раздæр куыд ницы уыд сæ бон хæдбарæй аразын, раздæр куыд уыдысты уæлæмæ æнхъæлмæгæсджытæ, афтæ ныр дæр, Цæдис хæлынмæ куы ’рцыд. Гуырдзыстон Цæдисæй рацæуыныл куы ныллæууыд, уæд дæр. Пленумы уæнгтæ сæ хъуыддæгтæ бакæ- нын бабар кодтой се знагæн, оккупаци сæ чи скодта, уымæн. Уый уыди Хуссар Ирыстоны парторганизацийы бынсæфты, гадзрахаты куыст, æмæ йæ уымæ æркодта йæ бирæ азты æга- ды, фæсдзæуины фæндаг. О, фæлæ цы амыдта Джугъелийы байзæддаг инæлар Кван- 117
талианийы ныхас II-æм январы та? Уый, æмæ Жорданиайы къæлæтджыны æрбадæг Звиад Гамсахурдиа йæ хицауадимæ хъу- ыддаг афтæ алыг кодта, цæмæй январы II-æм боны æмгъуыдмæ Хуссар Ирыстоны мауал баззадаид иунæг ирон цæрæг дæр, иуты цæгъдгæ фæкæной, иннæты та фæсхохмæ тæргæ. Ахæм тæрхон æмбæхстæй дардта йæ мидбылхудты фыд-зæрдæ инæ- лар ног азы къæсæрыл Хуссар Ирæн. Цыбыр дзырдæй, Чъребайы фыдбойнаджы коменданты æцæг цæсгом раргом кæнынæн бирæ дугтæ нæ бахъуыд — æхсæвы Калачы телеуынæны ралæууыд æмæ загъта: мæнæ мæ разы ис Цхинвалы картæ, йæ уæлæ нысангонд сты, кæй хъуамæ æрцах- сон, уыцы ирон экстремистты цæрæн бынæттæ. Уæдæ, мах мæт æй уыди! Куыйты дæр нæм уымæн æрбакод- та. Фæстæмæ раздæхгæйæ театры раз фæзуатмæ куы схæццæ стæм, уæд Хъ’айтарты уынджырдыгæй автоматты къæр-къæр сарæх. Фæзуаты цы гуырдзы уыд, уыдон сызнæт сты. Райæххæсткомы хæдзары кæртæй иу гуырдзиаг милицио- нер, йæ сау цинелы тæрттæ — гом, йæ рахиз къухы — гыццыл дамбаца хæрдмæ даргæйæ æмæ дзы дæнг-дæнггæнгæйæ, йæ дынджыр гуыбын йæ разæй рахæссы, афтæмæй Сталины уын- джырдæм йæ ных сарæзта, тарстхъæр кæны, цыма йын йæ фосы дзугмæ бирæгътæ фæлæбурдтой æмæ уыдоныл ура кодта, раст уый хуызæн. Гуырдзы, Исахъы уынг æмæ Хъайтарты уынг кæм баиу вæййынц, уым адæмыл автоматтæ ауагътой. Хуссар Ирыстоны милицæйы кусæг Коцты Григори дзы фæмард, цалдæрæй та цæфтæ фесты. Уый та сæ хæрдмæ æхсынæй ныфсæвæрд. Адæм уынджы арвыстой се ’хсæв. 7-æм январь. Райсом, зымæгон стæм хатт куыд вæййы, ахæм хъарм хур зæххыл атылд, æниу уымæй размæ дæр æвзæр бо- ныхъæд нæ уыд, фæлæ йæ рæвдыд зæрдæмæ нæ хъары. Лæппутæ сæхи тыхтæ-фыдтæй уромынц, афтæмæй уынгтæ фидæрттæ кæнынц. Горæты астæумæ мæ налдæр мæ зæрдæ хаста, налдæр мæ къах. Ленины уынгыл Советты уынгмæ ссыдтæн. Лæппутæ сæ пикет уæлдæр схæссыныл архайынц. Сæ цуры æрлæууыдтæн. Гуырдзиæгтæ Исахъы уынджы сæ фидæрт- ты цурæй уырдыгмæ махырдæм сырдты каст кæнынц. Алы фыдгæнæг йæ сæр сдардта. Нæ цуры, Мамсыраты Ха- ■ дзы-Умары уынджы фаллаг фарс, иу гуырдзиаг лæгмар (нæ сыхаг таксист Г. К.-йы амарыны тыххæй цалдæр азы ахæстоны ’ 118
абадт) йæ хæдзары æмбæхстæй дардта цыппар гуырдзиаг хо- тыхджын лæджы. Лæппутæ сæ базыдтой æмæ сæ æрцахстой. Фæссихорафон уыдаид, афтæ хæст гыццылгай тынг кæнын байдыдта. Нæмгуытæ Ленины уынджы нæ сæрты тахтысты æхситгæнгæ. Æхсын байдыдтой, ам ма цы гуырдзиæгтæ баз- зад, алидзын чи нæ бафæрæзта кæнæ та барæй фыдгæндæн чи æрлæууыд, уыдон сæ хæдзæрттæй — Ленины уынджы, Къобы- лы-фырты уынджы. Ленины уынджы йæ цонг фæцæф компо- зитор Дзадтиаты Анисимæн. Гуырдзы активон хæстмæ рахыз- тысты. Уалынмæ — махонтæ дæр. Алыхуызон хæцæнгæрзтæ æмнæрд кодтой. Хæст цыди тынгдæр Исахъы уынджы — Хъайтарты уынгæй Сталины уынджы ’хсæн. Дыууæ сахатæй фылдæр карабинæй, автоматæй, пулеметæй, гранатæхсæнтæй, централкæ æмæ ге- койæ сæ цæхæр калдтой. Нæ лæппутæ хæстон дзодтæ скодтой горæххæсткомы агъуыстæй, уынджы иннæ фарс уæлæдарæс хуыйæн фабрикæй. Уый уыд, Чъребайы истори уæды онг кæй нæ зыдта, ахæм хæст. Гуырдзыйы Республикæмæ цыдæриддæр хæстон резервæй уыд, иууылдæр сæ æрбакалдта ардæм — адæмæй, хæцæнгæрзтæй. Малюшкин сæ сæргъы, афтæмæй Чъребайы цы æфсæддон хай уыд ССР Цæдисы мидæфсадæн горæт хъахъхъæныны тыххæй, уыдон, сæ комкоммæ хæс ницæмæ дæргæйæ, сæхи кæмдæр бааууон кодтой. Сæ иу хай та йæ куыстаг скодта Ма- люшкин æмæ гуырдзиаг инæлар горæты комендант Кванталиа- нийы штаб хъахъхъæнын. Чъребайы 7-æм январы бонæй цы хæст уыд, уый рамбылд- той алы хъуыддагæй дæр мах лæппутæ: гуырдзиаг оккупа- цигæнæг æфсад тæппуды лыгъд кодтой сæ машинæтæ æмæ БТР- тыл, бирæтæ дзы сæ хæцæнгæрзтæ акалдтой, сæ машинæтæ ныууагътой. Уæгъдидонæй горæты уынгты фæйнæрдæм згъорæг систы сæ куыйтæ, чи та сæ уынджы телдзæджындзыл бастæй баззад. Фæлæ æппæты диссагдæр уыд, иу лæг дзы йæ милици- онеры цинел æмæ худ асфальтыл куыд ныццавта æмæ фæсвæдты лидзæг куыд фæци, уый. Иу та дзы йæ хæлаф феппæрста. Уыдон бирæ рæстæджы лæзæрдысты Исахъы уынджы кæрон библио- текæйы раз, æмæ адæм сæ сæрты хызтысты. Иунæг уды зиан дæр не ’рцыд нæ лæппутыл, гуырдзыйыл та — дзæвгар. Чи зоны, уый уыдаид хæсты хъысмæт мах пайдайæн ахицæнгæнæг хъазуат ныббырст, нæхирдыгæй провакатортæ- уæйгæнджытæ куы нæ фæзындаид æмæ нæ лæппуты размæ- бырст куы нæ ныкъкъуылымпы кодтаиккой, уæд. Цæвиттон, 1Т9
уыдон æрымысыдысты, цыма Дзаумæ æрхызти ССР ЦæдисЩ спецназы æфсад æмæ, дам сæ мæнæ-мæнæ ардæм хъæуы, уымя гæсгæ лæппутæ хъуамæ бааууон кæной, стыр зынтæй кæй са« мал кодтой, уыцы хæцæнгæрзтæ. Уыдон дæр баууæндыдыстж уæйгæнæг хионты ныхасыл, сæхи фæфæстæ кодтой æмæ, лидзæга гуырдзыйы милицæ æмæ неформалтæ кæй хуыдтой, уыдон уыцьХ уавæрæй спайда кæнгæйæ, æрфидар сты театры раз фæзуатьд æмæ горæты хурыскæсæн хайы. Ж Изæры, гуырдзы æмæ иры ныхмæлæудæн кæрон конд цæмæш æрцыдаид, уый тыххæй ССР Цæдисы Президент Горбачев’ьга Барамынд (указ) фехъусын кодта Центрон телеуынæн. Кæд дзщ диссагæй ницы уыд, уæддæр нын ныфсы хос фæци. Фæсивæм ыл тынг разæнгардæй сæмбæлди. Цины хъæртæ, хæрдмгй гæрæхтæ... - >'| Æхсæв хæст ногæй стынг, Исахъы уынг æмæ Сталины уын^ кæм баиу сты, уым. Райдыдта аст-фараст сахатыл æмæ ахаст|| дыууадæс сахаты онг. Изæрæй лæппутæ ардæм æрбатылдтои,| боны хæсты рæстæджы гуырдзыйæ кæй байстой, уыцы авто^ бустæй иу æмæ йæ Сталины уынджы цæхгæрмæ сæвæрдтой;\ гуырдзиаг БТР-тæн дзы цæуæн куыл нал уыдаид, афтæ. Хæцы-' дысты дзы, горæтмæ æххуысмæ чи ’рцыд, уыцы знауыраг’ фæсивæд дæр. Дзуццаты Хадзы-Муратимæ мах дæр сæ фарсмæ æрлæууыдыстæм, хал, дам, халæн æххуыс у. Гуырдзы пулеметæй æхстой посты бæстыхай æмæ обкомы бæстыхайы сæрæй. Æнæуи уазæгуат "Ирыстон" æмæ обкомы хæдзарæй æддæмæ ракæсынмæ дæр сæ ныфс нал хастой. Фæлæ. тæккæ тæссагдæр уыдысты, театры раз Сталины уынджы? фæрсæй-фæрстæм кæй сæвæрдтой, уыцы дыууæ БТР-ы. Уыдон- æнæрынцойæ нæмыджы цæхæр калдтой уынджы уырдыгмæ æмх^ дзы сæр радарæн æдасæй нæ уыд. Хатт-иу уыцы БТР-тæ дæлдæр■ æрцыдысты, фæлæ мах онг сæ ныфс æххæст нæ хастой;; фæстæмæ та-иу сæ бынатмæ сыздæхтысты, æхсгæ тæ кодтой’ æнæрулæфгæйæ æмæ автобусы фæрстæ сыгътой цæхæрæй. Æваст мæ фарсмæ фæйнæг æмбонды сæрты автоматæй æхсæг^ знауыраг лæппу бафиппайдта, цыма, цы хæдзары аууон лæу^ уыдыстæм, уый рудзынгæй нæ æхсгæ кодтой. Æцæгæй дæр)| уырдыгæй нæмгуытæ цæхæркалгæ нæ сæрты тахтысты æмæ уын^| джы фаллаг фарс тротуарыл æмбæлдысты. Æз, Хадзы-МураЦ ты фалдæр лæугæ куы федтон, уæд ын загътон, зæгъын рЖ дзынджы бынмæ хæстæгдæр æрбалæуу, науæд дыл нæмьш æмбæлы, мæхæдæг мæ хъус дарын хæдзары рудзынгмæ. Куьщ бамбæрстон, афтæмæй хæдзарæй мах ничи æхста, фæлæ обкЩ 120
мы бæрзонд бæстыхайы сæр (чи зоны, посты хæдзары сæрæй дæр) мах чи æхста, уыцы гуырдзиаг пулеметы нæмгуытæ фыц- цаг æмбæлдысты уæлхæдзары тæнæг зестыл, уырдыгæй хауд- гой цармæ, царæй — рудзынгмæ, рудзынгæй та — уынджы хъæбæрмæ. Уыцы хæсты æхсарджынæй фæмард нæ пуле- метæйæхсæг Тасойты Иваны лæппу Инал, фæсномыгæй йæ иКоммунист" хуыдтой. Хæст куы ’рсабыр, уæд Дзуццаты Хадзы-Муратимæ ссыдыстæм Коцты Грийы уынджы уæлæмæ гуырдзиаг оккупантты ахстонмæ хæстæгдæр. Грийы уынджы федтам фидар баррикадæ, дыууæ лæджы кæуыл не ’рбаххæссыдаиккой, ахæм хъæдтæй æмæ сæ фарсмæ уынджы лæппуты, сæ сæргъы Тедеты Æхсар — Хуссар Ирыстоны хъæды хæдзарады хицау. Æхсæвы сабыры театры разæй хъуысти гуырдзиæгты ныхас. Раст зæгъгæйæ, цин нæ кодтой, хæсты фыццаг боны цæфтæ куы банымадтой, уæд: æвæццæгæн, тынг райгондæй нæ баззадысты сæ фæтæг Звиадæй дæр, афтæ, дам нын дзырдта, Цхинвалмæ куы бацæуат æмæ дзы фæйнæ æхсты куы фæкæнат, уæд уым иу ирон дæр нал аззайдзæн, иууылдæр лидзæг фæуыдзысты. Адон æхстæй чи фæтæрса, ахæм не сты. Афтæ уыди сæ ныхасы цыбыр мидис. .Тедеты Æхсартæм йæ хуысгæ рынчын фыды сынтæджы раз бадти Пухаты Фатимæ. Бахъуыди сæ сæ хæдзар ныууадзын уазæгуат "Ирыстон"-ы цур æмæ ам, гуырдзыйæ гыццыл æддæдæр, сæ хæлары хæдзары æрынцайын. 8-æм январь. Зноны хæсты нæ къухы цы бафтыд, уый — гуырдзиæгты атæлфæнтæ æрбакъуындæг кæнын: хуссары ’рдыгæй астадысты Исахъы уынгæй, ныгуылæнырдыгæй та — Ленины уынгæй, иннæ рæтты куыд уыдысты сæ азмæлæнтæ, афтæмæй баззадысты. Фæлæ гæнæн уыд, æмæ горæтæй дæр федде уыдаиккой. Уынджы мыл амбæлди мæ зонгæ лæг сыхаг бæстыхайæ. Иумæ цæуæм уæлæмæ Ленины уынджы. Адæмы знæт змæлд. Прези- денты Барамынд сæ цыдæр ныфс бауагъта хæстæн кæрон скæнынæй, фæлæ бирæ — нæ. Схæццæ стæм зноны хæцæнмæ, Исахъы уынгмæ. Пырх, дæрæн, алы ран — бырон. Библиотек- æйы раз тротуарыл æппæрстæй дыууæ афтид нæмыгæвæрæн къоппы. Сæ иуы уыд 1280, иннæйы — 700 нæмыджы. Ацы бы- нат гуырдзыйы къухы уыд, уæдæ сæ фехсæг дæр уыдон уыды- сты. Æниу уымæй фылдæр нæ? Ирæтты марынæн сæ хастой Калакæй ардæм, фæлæ сæ иувæрсты аивгъуыдтой. Бæлвырд Исахъы уынджы ис Исахъы фарн, æмæ йæ фæдонты фыдбы- лызæй хизы. Хуыцау зæгъæд! 121
Мæнæ телыхъ’æдыл куыдзы хъуырб^ос — сæрак уадздзаЯ баст.Чидæр æй кардæй ахауын кодта. Йæ хицау уыдаид хъуЯ амæ, æндæр бирæгъ-куыдзмæ чи бахастаид йæ ныфс, уæлдайдæщ йæ хъуырмæ хæстæг. Тас æй æрсырдта, æвæццæгæн, æмæ йа| райхалынмæ нал фæцарæхст Йемæ кæнинаг æй нал уыд, уый! уæлдай фыдæбон уыдаид, фæлтау уæгъдæй æйтт кæнæд, зæгъга^! Исахъы уынгæй дыккагæм скъолайырдæм, тротуармæ кæдй бахизай, уым иу æртæ метры уæлдæр телын хызы бын бетош бордюрыл — туджы пырхæнтæ æмæ... сæрымæгъзтæ — калм уыдон дæр туджы æвдылд. Ме уæнгтæ ихæнриз бакодтой æман сæ цурæй мæхи иуварс айстон. Ме ’мбæлццон дæр мæн бафæзЦ мыдта. Фæлæ ахæм ныв цæстытæй æмæ хъуыдыйæ дæр тагъд нæ фæхицæн вæййы. Уый фенынæнхъæл та кæцæй уыдтæн^ Лæджы мард ахастой, йæ сæрымæгъзтæ та йын дуры уæла| ныууагътой. Дзаг сæримæ, ныфсвæндийагтимæ æрцыд æмщ афтид сæрæй фæцæуы, йæ сæрымæгъзтæ кæмдæр ныууагъта.Й Уый уыдаид, чи зоны, знон ам бардзырдтæ чи лæвæрдта, йæхк хæстмæ чи фидæрттæ кодта, уыцы цъæх джинсты хицау... ^ — Кæс-ма, кæс! — æвиппайды мын мæ сыхаг мæ цонгмæ! фæлæбурдта æмæ мын йæ галиу къухæй, сæры мæгъзтæ калд’ кæм уыдысты, уыцырдæм амоны. Æз дæр фæкастæн æмæ фед- тон: стонгæй йæ фæрстæ кæмæн бахаудысты, иу ахæм хъо-{у мылтæ бур куыдз сæры мæгъзтæ хæрд фæци æмæ ныр та ту- джы пырхæнтæ сдæрынмæ бавнæлдта. — Пуй, налат фæу! — схъæр ыл кодтон, фæлæ мæм уый йæ фæллад, æнкъардцæстытæ уайдзæфгæнæгау сзылдта, цыма афтае’ зæгъинаг уыд: цы кæныс, цæуылнæ мæ уадзыс, искæй хай куы нæ хæрын. Куыдз иучысыл афтæ алæууыд, стæй, хъыгдарæг æй нæй, уый куы базыдта, уæд та дарддæр йæ куыст кодта. Æз дæр ма йын цы кодтаин æмæ йæ ныууагътон. ?-æм январь. Гурдызыстоны телеуынæн æвдыста Республикæ Гуырдзыстоны Сæйраг Советы сессийы æмбырд Горбачевы Барамынды фæдыл. Ногæй та сæ зæронд мадзæлттæ: ССР Цæди- сы Президенты ныхас сæхицæн аргъуцагыл нал нымайынц, уымæ гæсгæ йæ æххæст дæр нæ кæнынц, Хуссар Ирыстон сын дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр — "Самачабло", ирæттæ — уазджытæ,'^ æмæ сын афон у сæ историон бæстæм аздæхынæн. Кæд уый н^ кæнынц, уæд та "фысымты" бар у, "уазджытæн" цы кæнь1И§ хъæуы, уый. Гуырдзыйы милицæ куыд лидзынц Чъребайы хæстæй, уЫ| тыххæй сессийы ныхас кодта Натадзе. Загъта цифрæ 300, уьм бæрц, дам дзы алыгъд. Ш 122
10 -æм январь. Абон фæуыдзæни Горбачевы Барамынды 3 боны æмгъуыд. Тынг æндыгъдæй, фæлæ æнæ исты зынгæ ца- уæй ацыди бон. 11-æм январь. Дзырд уыдис: мах раздæр нæ фехсдзыстæм. Уыдон дæр — афтæ, фæлæ мæнгард лæгыл æууæнк кæд уыд? 7-æм январы дæрæны фæстæ гуырдзы мах сабыр ахастæй спайда кодтой, сæ цæфтæм базылдысты, се ’муд æрцыдысты æмæ та се ссыртæ сæвдыстой. Æхсæвы 12 сахатмæ æввахс Исахъы уынджы кæрон зæронд типографийы агъуысты цур БТР-ы пу- леметæй амардтой æрыгон лæппу, сæрибар хъæбысхæстæй спорты мастер Цхуырбаты Ростикы. Уыйадыл стынг хæст. Карз хæст æнæрынцайгæйæ ахаста суанг райсомы фондз сахатмæ. Æхстой хотыхты æппæт хуызтæй дæр, суанг гранатæхсæнтæ æмæ реактивон хæцæнгæрзтæй дæр. Махыл уды зиан нал æрцыд, цæфтæй фæстæмæ. Уыдоныл та —о. Мах фыдкойæ йе ’фсæр кæмæн фелвæст æмæ зылындзыхæй чи баззад, сæ уыцы фæтæг Звиад Гуырдзыстоны телеуынæнæй куыд фехъусын кодта, афтæмæй гуырдзиæгтæй фæмард 5 лæджы. Æцæгæй та, зæгъæн ис, уыдысты фылдæр. Хæст цыди пединститут, Богиры æмæ театры алфамбылай. Махонтæ ауагътой цалдæр ракетæйы "зæхх-зæхх" горæтмæ æрбацæуæны Згъудеры къуылдыммæ, гуырдзыйы хæстон резервтæ кæм лæууыдысты, уырдæм. Уай- тагъд Гурырдæм фæндагыл сцырын сты рог машинæтæ. Цы бамбарын нын æй хъуыди — ластой сæ цæфтæ æмæ мæрдтæ. Æнæхъæн æхсæв горæт хуыссæг нæ федта. Уынгты тигъ- тыл, горæт хъахъхъæнгæйæ, арвыстам не ’хсæв. 12-æм январь. Абон у, хæсты райдианы чи фæмард, уыдон ныгæнæн бон. Згъудеры уæлмæрдмæ сын нæй хæссæн, уым гуыр- дзы бадынц. Исдуг ныхас цыди, цæмæй сæ ногдзауты парчы баныгæдтаиккам, фæлæ уый æмарæн уыдис оккупантты ахсто- нимæ æмæ тæссаг уыд семæ фæныхæй-ныхмæ уæвынæй. Ба- вæрдтам сæ 5-æм скъолайы кæрты: Бæгъиаты Станиславы, Та- сойты Иналы, Коцты Григорийы, цыппæрæм — Гаглойы-фыр- ты хъæумæ аластой. Фæстаг хæрзбон зæгъынмæ сын æрцыд тынг бирæ адæм. Фæсивæд ингæны был ард бахордтой, сæ тохы фæндаг сын уæлахизы онг кæй ахæццæ кæндзысты. Хæстон æгъдауыл айхъуысын кодтой æртæ хатты автоматтæй хæрдмæ æхст. Тасойты лæппуйы æфсымæр фæсивæдæй куырдта, цæмæй æхсæв æхсгæ мауал кæной. Фæлæ гуырдзы куы ’хсой, уæд ма- хонтæ дæр сæхи куыд бауромдзысты? Изæрæй райхъуыст иугай æхстытæ. 123
Лæппутæй мын иу уынджы арты фарсмæ загъта, Тамаресы! хъæуы, дам, оккупанттæй фæмард авд милиционеры. Куыд, цъп уавæрты, уый бæрæг нæма у. ^ Къусраты Егнаты хæдзары баджигул кодтой гуырдзы (цæры| театры фарсмæ) æмæ дзы ахастой Къостайы сурæт. ! 13-æм январь. Дысон гуырдзиаг гварди БТР-тыл бацыдысты’; облæстон рынчындонмæ æмæ йæ æхстой автоматтæй. Знон фыднад фæкодтой Хуссар Ирыстоны агропромы сæрда-; ры хæдивæг, депутат Цоциты Валентины. Уый партийы Хуссар,; Ирыстоны обкомы агитаци æмæ пропагандæйы хайады гæс- Хъуылымбегты Доментиимæ цыд горæты комендант Кванталик анимæ, мард чи фæци, уыцы лæппуты уæлмæрдыл сæмбæлын кæныны фарсты фæдыл. Доменти уæлæнгæйтты аирвæзти, фæлæ Валентины тугомынты фæкодтой, йæ сæр ын автоматы къуы- дырæй ныссастой, афтæмæй йæ æрдæгмардæй æгас æхсæв ми- лицæйы хæдзары уазал астæрдыл æппæрстæй фæдардтой. Литвайы адæмимæ "æмзæрдæдзинады цытæн" абон Калачы Хицауады хæдзары раз фæзуаты уыди стыр митинг, æвдыстой йæ телеуынæнæй. Уым раныхас кодта Звиад Гамсахурдиа. Ирон адæммæ фыдзæрдæ дарыны марджы къусæй та ахъаззаг ных- хуыпп кодтой. Иæ ныхас дзырдæй-дзырдмæ фæци афтæ: "Ма- химæ æмзæрдæ чи нæу, уыдон скуынæг кæндзыстæм. Немæ сты сомих, азербайджан, цæцæн æмæ мæхъхъæл. Цæгат Кав- каз, æгас Кавказ! Размæ Кремлы ныхмæ!" Ацы ныхæстæ ахæм мæстæлгъæдæй загъта æмæ йæ сæрра уæвынмæ бирæ нал хъу- ыд, æниу æрра та кæм нæу! Йæхицæй аразы гыццыл фюрер, йæ лæуд дæр ахæм. Æнахъинон хъæртæ хъуыст адæмæй дæр. Гуырдзы зынг бафтыдтой облбиблиотекæйыл цæгатырдыгæй фарс. Афоныл æм фæфæдис стæм æмæ йæ ахуыссын кодтам. Уыдтæн штабы. Хъуысти гæрæхтæ. Лæппутæ посттæм тын- дзыдтой. Æгас æхсæв Згъудермæ æрбацæуæнæй хъуысти гуыр- дзиаг гвардионты автоматты къæр-къæр, махонтæй ничи фех- ста. Ноджы ма иу хабар: дысон нæ лæппутæ Тамаресы хъæуы фæныхæй-ныхмæ сты гуырдзиаг æнæформалтимæ. Уыдонæй фæмард 7, махонтыл зиан не ’рцыди, цæфтæ дæр нæй. 14-æм январь. Иннæ бонтау абон дæр — хур. Гуырдзыйы гварди бийы йæ хинтæ æмæ кæлæнтæ. Сызмæлыдысты яЩ "хæрзгæнджытæ" дæр, гуырдзыйы ’лхæд лæгтæ. Уыдон кæД^ цыфæнды гыццыл сты, уæддæр — сты. Бафиппайдæуыдй$ гуырдзиаг гвардийæн хуынтæ чи хæссы, ахæмтæ дæр. Мæ цур#| сылгоймæгтæ амбырд сты, гуырдзиаг чындз чи у, ахæм иро$$ 124
сылгоймагыл — культурон кусæгыл, сæ зæрдæ йæм фехсайдта хуынтæ хæссынæй, — тыхтæ-фыдтæй ма йæ ахастой йæ къæхтæ. Цы домынц нæ "хæрзгæнджытæ"? Æргомæй цы суæндыдыс- ты, уый — Республикæ Хуссар Ирыстоны 1990 азы 9 декабры онг сæвзæрст Сæйраг Советы депутатты арвитын æмæ зæрæдты — Хуссар Ирыстоны облæстон Советы сессийы депутатты ныу- уадзын. Уыдис æмбырд горæххæсткомы, хъуамæ дзы ныхас цыдаид ацы фарстыл дæр. Уыдысты дзы горæт хъахъхъæнæг фæсивæ- ды минæвæрттæ дæр, фæлæ уым змæнтджытæ сæ сæр сдарын нæ бауæндыдысты. Гуырдзиаг телеуынæны программæ "Моамбе"-йы та цъыф фæкалдтой ирон адæмыл. Æрсидтысты гуырдзымæ, ир, дам, махæй хотыхджындæр сты, уымæ гæсгæ хъуамæ æрæмбырд кæнæм, цыдæриддæр нæм хæцæнгарзы мыггагæй ис, уый, æмæ сæ саразæм иры ныхмæ, науæд, дам, сыл нæ тых кæнæм. Афтæмæй уыдон та ифтонг сты суанг БМП-тæ æмæ БТР-тæй. Номхуындæй уыдоныл æвæрд пулеметтæй марынц нæ лæппу- ты, æндæр къухæй æхсгæ хæцæнгарзæй сæ бон ницы цæуы, уый раст у. Хæсты райдианæй пост нæ кусы, æмæ газет нæ ласынц, уымæ гæсгæ нæ зонæм, дунейы цы цæуы, мах тыххæй цы фыссынц, уый — цæвиттон, информацион блокадæ. 15-æм январь. Адæмы ’хсæн цæуы ныхас, цæмæй фæдзурæм гуырдзиаг фæсивæдмæ. Уый хъæуы, уадз æмæ зоной, сæ "ми- лицæ" æмæ, комкоммæ зæгъгæйæ, ахæстæттæй кæй рауагътой, уыцы лæгмартæ ам цы фыдмитæ кæнынц, уый. Фæлæ куыд? Цы амалæй? Гуырдзиаг мыхуыр, радио æмæ телеуынæн сæ адæмы хæссынц мæнг информацийæ, махонты та уырдæм нæ бауадз- дзысты. Ацы хъуыды гуырдзиаг агентурæйæ нæ фæивгъуыд- та, æмæ фæстаг бонты тынгдæр сидынц сæ адæммæ хæстмæ. Гуырдзыстоны "сæрибардзинад бахъахъхъæнынмæ" Хуссар Ирыстоны. Сидынц гуырдзымæ, сидынц ирон цæрджытæм дæр. Фæлæ дзы иронау дзурæг нæй. Абон 5-æм скъолайы кæрты йæ сыджытыл сæмбæлын код- там Цхуырбаты Ростикы. Ныхас кодтон йæ ингæны уæлхъус. Дуне адæм. -. 16-æм январь. Зымæджы фыццаг мит. Уазал. Иуæндæс сахатыл нæхицæй (Сарабукъæй) æрцыди нæ сых- æгты лæппу Г. X. Чъребайы онг йæ фæндаг уыд — Сарабукъ — цæгат-ныгуылæнырдæм хъæдты — Тлиахъана — Къроз — Хуы- цъе — Итрапис — Зар—Чъреба. Мæ зæрдæ мын фæфидар код- 125
та йæ ныхас: хъæуы у сабыр, дзæбæх у мæ мад дæр, æрмæс! махмæ æхсайы йæ зæрдæ. /1 Хъæутæй сывæллæтты арвыстой Дзæуджыхъæумæ. Гуыр! дзиаг хъæу Ереды гуырдзы амардтой ирон зæронд лæг УалытьЧ Ердийы. Мæ сабийы бонтæй фæстæмæ йæ зыдтон, куыста постхæссæгæй, уыди фыдæбонгæнæг лæг. Суанг Стыр Фыдьь бæстæйы хæсты размæ, гуырдзы йæ алыварс нырма ныккæнд- ты куы цардысты, уæд йæхи къухæй самадта дыууæуæладзы* гон хæдзар. Мæсыджы хуызæн зынди хъæуы астæу. Нæ йый æй ныббарстой. Уыцы хъæуы ноджы аргæвстой ирон зæрон^ усы. Ноджы цæрынхъуаг Бекъойты лæппуйы. Дзæбæх æй зыд* тон, хъæуæй-иу горæтмæ куы цыдтæн, уæд мæ фæндаг сæ рæзты уыд. Уый дæр 5-æм скъолайы кæрты баныгæдтой. Гуырдзиаг телеуынæнæн йæ бонгуысты программæ — анти-? ирон хъæрахст. Сиды райсомæй изæрмæ гуырдзиаг адæммæ; цæмæй республикæйы территорийыл иунæг ирон дзыхæйдзурæг дæр мауал уа. Гуырдзиаг адæмы æппæт фыдбылызтæ дæр иууылдæр фæкодтой ирон адæмы æфсон. Гуры иу гуырдзиаг лæджы хисты рæгъ рауагътой, йæ уæлмæрдыл ын кæй аргæв- стой, уыцы ирон лæппуйы тугæй. Уый бафæзмыдтой Ереды, гуырдзиаг хъæу Арцеуы, ноджы æндæр рæтты. Амæй-ай фыддæр хабæрттæ хъуысы фæйнæрдыгæй, æмæ иууылдæр тындзынц Чъребамæ. Чъреба — хохы фале æгас ирон адæмæн сæ ныфс, уый та иунæгæй æвзары се ’ппæты мæт æмæ рис дæр. Ацыдтæн горæтмæ. Горæххæсткомы раз — бирæ адæм. Бæлвырд инфомаци райсæн ис æрмæст уым — штабы æмæ адæмæй. Дысон К. Марксы уынджы, абанайы раз, нæ лæппутæ нып- пырх кодтой, уынгæджы сæ чи кодта, уыцы гуырдзиаг БТР, йæ бынмæ йын баппæрстой хæдаразгæ рæмудзæн æрмæг æмæ йæ хæрдмæ фæхаста. Йæ мидæг цы гвардионтæ бадт, уыдон фæкъуырма сты (контузи) æви æндæр исты, фæлæ люк нæ гом кодтой, кæд æй хойгæ кодтой, уæддæр. Уæдмæ сыл уырыссаг æфсад кæцæйдæр æрбакалдысты, æмæ сæ уыдон нæ лæппуты къухæй байстой. Джиоты Ибрагим мын æй загъта: уыди, дам дзы иу дыууадæс лæджы фаг хæцæнгæрзтæ — æнæхъæн арсе- нал. Гъе уыдон мах чи хъуыд, ахæм фæллой бæргæ уыдыстЫ, фæлæ ма ныр цы? Йæ кой кодтой "Время"-йы дæр, калакаЕ информацимæ гæсгæ. Ай-гъай, аххосджын кодтой ирæтты! *|! Адæм æнхъæлмæ кæсынц ССР Цæдисы Сæйраг Советы лЩ путатты къамисы æрцыдмæ. 126
Изæры мын пикеты лæугæйæ арты фарсмæ зонгæ уырыссаг лæппу радзырдта ацы хабар, æрцыди гуырдзиæгты æрбацыды фыццаг кæнæ дыккаг бон. Сывæллæттæ хъуыды кодтой, хæцæнгарз куыд самал кæной, ууыл æмæ æрхъуыды кодтой мадзал: гæдыты голладжы ныккалдтой, афтæмæй йæ æрхас- той, гуырдзиæгтæ куыйтимæ кæм лæууыдысты, уырдæм. Уым ын йæ ком сыхæлдтой æмæ гæдыты куыйты раз зæхмæ æрцагъ- той. Гæдытæ голлагæй асæррæтт кодтой, куыйтæ сыл сæхи андзæрстой, лæгты сæ фæдыл скъæфгæ, афтæмæй фæфæлдæхтысты æмæ сæ автоматтæ’сæ къухæй ахаудысты. Сывæллæттæ автоматтыл сæхи ныццавтой æмæ сæ аскъæфтой. "Время"-йы дзырдтой: Хуссар Ирыстонмæ æрвыст цæуы ССР Цæдисы Сæйраг Советы депутатты къамис (æртæ лæджы) сæ сæргъы — Шеховцев. Фарст хъæлæсæппæрстмæ æвæрд æрцы- ди: йæ фарс — 365, йæ ныхмæ — 2, сæхи фæфæстæ кодтой 3 депутаты. 17-æм январь. Горæххæсткомы раз адæм æнхъæлмæ кæсынц Мæскуыйæ депутатты æрцыдмæ. БТР-тыл æрбацыдысты бул- къонтæ, инæлæрттæ, сæ хъахъхъæнæг салдæттæ æмæ Центрон телеуынæны уацхæсджытæ. Кæдæй-уæдæй ма — газеттæ. БТР-æй сæ калдтой, адæм сæ хæлæфæй скъæфтой. Гуырдзиаг газеттæ иу ранмæ сæмбырд кодтой æмæ сæ басыгътой. "Время" фехъусын кодта: депутаттæ æмæ ССР Цæдисы Сæйраг Советы Нациты Советы Сæрдар Нишанов æрцыдысты Калакмæ. Фембæлдзысты гуырдзиæгтимæ æмæ ирæттимæ. Де- путаттæ уал баззайдзысты ам. Исахъы уынджы сæ хæдзары раз фембæлдтæн, йæ дыууæ къухæй фæйнæ дзаумадоныл хæцыд, афтæмæй гуырдзиаг га- зет"Сабчота Осети"-йы редакцийы кусæг Багаты Иваныл. Уыди Мамиты хъæуы йæ фыды хæдзары. Æхсæвы йæм гуырдзиæгтæ бацыдысты æмæ йæ сау над фæкодтой, афтæмæй йæ æмæхсæвæджы йæ хæдзарæй расырдтой. Бирæ бонты рынчын- доны фæхуыссыд, ныр уырдыгæй цæуы. Уæйгуытæконд бæзæрхыг дæг уыди, ныр — мæллæг, фæлурс, тыхтæ-фыдтæй ма улæфыд. Бецау, Иван, уæдæй фæстæмæ йæ сæрæн нал сси. Знон Америк æмæ йæ цæдисонтæ бабырстой Иракмæ. Бæстыл ма уый кой ис, æндæр ницыуал. 18-æм январь. Дысон-бонмæ уыдис æнæрынцайгæ хæст. Зæронд хиды хъусыл нæ лæппутæ ныппырх кодтой гуырдзиаг гвардийы машинæ. Цыппар лæджы дзы фæмард, фæндзæм — мæлæтдзаг. Махонтæй фæцæф иу — Джиоты Мухар. 127
Калакæй æрбаздæхтысты, уырдæм ныхасмæ чи ацыд, уыдон: Цыбырты Людвиг, Тъехты Баграт, Дыгъуызты Павел. Æрцыди Мæскуыйæ ССР Цæдисы Сæйраг Советы депутат- ты къамис Шеховцев,т Воронов, Нимбиев. Дысон мæ цæргæбонты фыццаг хатт фыны федтон ме ’дзард фыды. 1?-æм январь. Абон йæ сыджытыл сæмбæлын кæндзысты нывгæнæг Кокойты Уасилы. Уый цæры, горæтæй гуырдзиæгты къухы цы хай ис, уым. Не сфæрæзта гуырдзыйы фыдмитæ. Уый дæр уæлмæрдмæ не суагътой æмæ йæ баныгæндзысты сæхи кæрты. Рухсаг у, Уасил! Хуыцау сын тæрхонгæнæг уæд, ды та рухсы бад! Райсомæй мæм телефонæй дзырдта Валентин, йæ цæфтæ фæдзæбæх кæнынц. Фæнды йæ депутаттимæ фембæлын. Æхсæвы театры цур гуырдзы амардтой Джиоты лæппу Сер- гейы. 20-æм январь. Уыдтæн куысты. Уазал уæттæ. Уым бадынц нæ лæппутæ. Æхсæв гуырдзийæн æнцой нæ дæттынц. Иу лæппу мæм дзы мæ кусæнуатмæ æрбацыд донмæ, 9-æм къласы ахуыр- дзау, хотыхджын. Уый фæстæ сæ федтон гуырдзиаг скъоламæ æфсæн æмбонды сæрты бахизгæ, куыд бамбæрстон, афтæмæй сæ уырдыгæй гуырдзиæгтæ æхстой сусæгæй. Скъолайæ хъуы- сы æхсты, хæсты уынæр, гæрæхтæ. Сихорыл Калакæй æрбацыди Марикæ (нæ чындз) иу ирон усимæ. Гуырдзы змæнтын куы райдыдтой, уæдæй — 1988 азæй фæстæмæ — ам никуыуал уыд. Калачы цæрæг сты, зæгъгæ, уымæй дæр сылгоймæгтæ, æмæ сæ горæтмæ æрбауагътой. Йе ’мбал чи у, уый — Сохъуырты чызг, кæмдæр Сырх дзуары цур цæры. Йæ хæдзары сæййæфта гуырдзиаг милицæйы. Семæ фæхыл, хъæбæр ныхæстæ сын загъта: уæ 9-мæйдзыд сывæлло- ны дæр, дам, уæхæдæг амардтат, афтæмæй йæ ирæтты æфсон кæнут. Милиционертæй иу Марикæйæн загъта: мах дæр, дам, бæргæ, нæ фæнды ам адæмы æфхæрын, фæлæ, дам ныл хуыздæр бон нæй. Ды, дам, ирон сылгоймаг дæ, зæгъ уæ адæмæн, — сæ автономон облæсть дæр æмæ сæ зæхх дæр сæхи уæнт, æрмæст нæ æхсгæ мауал кæнæнт, — нæ уд æрдуйæ нарæгдæр ссис. Марикæ мын загъта: Калачы ирæттæн сæ къух тыхæй фыс-. сын кæнынц Горбачевы Барамынды ныхмæ. Ноджы загъта, фарон фæззæджы гуырдзыйы фыццаг æрбабырсты тыххæйг Сæумæрайсом Плехановы проспекты сæ куысты рæзты (санэ^; пидстанцæйы кусы) чыртæ-чыртæй æд тырысатæ куыд цьщъЩ 128 /?
ты, сæ автоматтæ тилгæ æмæ хъæргæнгæ: "Цъамодит Осетши саомрад!" (рацæут Ирыстонмæ хæстмæ). Уый та сæ сабыр ми- тинг! Ме ’мбал, гуырдзиаг чызг, дам сын афтæ: æмæ уын цы баззадис Ирыстоны? Уыдон ын дзуапп радтой: мах, дам, Гуыр- дзыстоны интерестæ хъахъхъæнæм. Дыууæ боны куы рацыди, уæд та сæ уæнтæхъилæй фæстæмæ здæхгæ дæр федтам. Æмæ та сæ уæддæр ме ’мбал бафарста: цæй, цы баистут, бахъахъхъ- æдтат Гуырдзыстоны интерестæ? Æмæ сæ дзуапп уыди: нæ нæ бауагътой мидæмæ, ома горæтмæ. Цыма сæм хатджытæ арвыс- той. 21-æм январь. Абон горæххæсткомы агъуысты уыд æртæрдыгæй фарсæмбырд — ныхас цыди: махонтæ, гуырдзы æмæ уырысы æхсæн. Стыр тасы уыдысты гуырдзыйы минæвæрттæ: республикæйы мидхъуыддæгты министр Хабули- ани æмæ горæты коммендант Кванталиани, афтæмæй сæ хъахъ- хъæнджытæ сæ алыварс лæугæйæ, сæ сæртæ ныггуыбыр код- той æмæ мидæмæ адæмы ’хсæнты бараст сты. Ацы бонты мæм хæдзармæ чи ’рбацæуы, уыдон иууылдæр кæнынц фæздæджы тæф. Б-ты лæппуйæ зæгъынц, гуырдзийы лæг у, зæгъгæ. Уый руаджы фервæзтысты гуырдзы 7-æм январы бынтон дæрæнæй, уый, дам, уыд уырыссаг спецназы тыххæй тауыс ауадзæг. 19-январы гуырдзыйы гварди сæ БТР-тыл ссыдысты Зармæ æмæ ахстой адæмы, ис дзы цæфтæ. 22-æм январь. Малюшкины бæсты æрцыди ног уырыссаг инæлар. Стыр ныфсытæ бавæрдта адæмæн, æрмæст æхсгæ мау- ал кæнут, зæгъгæ. Нæ адæм дæр ыл баууæндыдысты. Уынгтæм рацыдысты. Ноджы мит ныууарыди, афтæ Згъудеры фæндагæй механикон заводы цурмæ ныккалдтой гуырдзиаг лæгсырдтæ нæмыг. Дыууæ сабийы дзы, дзоныгътыл хъазгæ, фæмард. Æртыккаг 23-аздзыд, амарди рынчындоны. Æртæ дæр кæй ба- бын сты, уым уырыссаг инæлæрттæ æнæ аххос не сты: махонты ныббастой, гуырдзыйы къухтæ суæгъд кодтой. Уымæй чысыл раздæр 5-æм скъолайы кæрты баныгæдтам Джиоты Сергейы. Æхсæвы рынчындонмæ тагъд æххуысы машинæйыл аластон мæ чызджы, уæ фарн фынæй уæд, — чызг ын райгуырди. 25-æм январь. Гуырдзы æмæхсæвæджы федде сты горæтæй. Райсом адæм гуылфæй цæуынц горæты скæсæйнаг хаймæ, гуырдзы ссæдз боны дæргъы æлдариуæг кæм фæкодтой, уый феныны тыххæй. Бон кæм æрвыстой, æхсæвиуат кæм кодтой, уыцы бынæттæй — Хетæгкаты Къостайы номыл ирон драмон театры агъуыстæй, уазæгуат "Ирыстон"-æй, партийы обкомы ’’ Мах луг № 4, Ут 129
агъуыстæй, Сæйраг Советы хæдзарæй, ноджы æндæртæй хуы- дæттæ скодтой, иннахæм Театры фæзæй, сквертæй. Æхсæв, бон кæм æрвыстой, пысунæйы бæсты дæр сын уыд уый, — йеУ æддæмæ ахизын нæ уæндыдысты, йе та сæ ахуыр ахæм уыд, æндæр куыд ис уымæн бамбарæн? Театры сæрæй раппæрстой — автоматтæй йæ фехстой — ирон тырыса æмæ йæ бынаты сауыгътой гуырдзиаг сау тыры- са. Кæй руаджы æрбаирвæзтысты горæтмæ, уыдон дæр ма сæ дарддæр хъахъхъæдтаиккой, уый сæ къухы нал æфтыд æмæ хуыснæджы цыд куыд æрбакодтой, афтæ хуыснæджы тард дæр^ баййæфтой, æрмæст ныр та æрбадтысты Згъудеры къуылды- мыл — уæлмæрдты. Кванталиани дæр йæ кусæн æмæ цæрæн бынат баивта уырдæм æмæ йæ хонын дæр райдыдтой афтæ — "Уæлмæрдты комендант". Ссæдз боны сау халоны базырау театры сæр зæбулæй чи фæлæзæрд, уыцы тырыса цы аккаг уыд, уый ссардта: къæхтæсæрфæн сси. Æниу æй уырдæм чи схаста, уыдон ын сæхæдæг дæр фылдæр кад кæм кодтой: йæ быны — алы чъизи митæ! Чъизи тырыса уыди 20-æм азы, чъизийæ баззад абон дæр. Цыбыр рæстæджы дæргъы горæтæй цы хай уыди сæ къухы, уый гæныстон куыд фæкодтой, уый тыххæй мыхуыры дæр бирæ фыстой, суанг фæсарæнты дæр: ныссастой культурон цыртдзæвæнтæ: Къостайы цырт, театры агъуыст, йæ реквизиттæ. Басыгътой æхсæнадон æмæ ирон цæрджыты хæдзæрттæ, ных- хафтой паддзахадон музей, паддзахадон банк. Уый хæсты рай- диан, фæлæ гуырдзы цы фыдмитæ фæкодтой Ирыстоны зæххыл, уыдон, æппæты диссагдæр фантазитæ мысæг чи у, уый дæр никуы æрымысыдаид. Уый сæрмагонд æмæ лæмбынæг ныхасы аккаг у. Æз та ам мæ хæсыл нымадтон ирон адæмы уыцы сау- тар цыппар азы цардæй ссæдз боны тыххæй радзурын, куыд сæ федтон æмæ бавзæрстон, афтæмæй. 1991 аз. 130
ДЗИДЗОЙТЫ Валери УÆРÆСЕ ÆМÆ КАВКАЗ: ЗÆХХЫ ФАРСТА /\ бон сусæггаг никæмæн уал у, Уæрæсейы Федера- ^З^ цийы историйы бирæ хабæрттæ æцæг наукон хурмæ А. Ж рахæссинаг кæй сты, уый. Æмæ ацы хъуыддаджы та, мæнмæ гæсгæ, цалдæр цæлхдуры сæрты ахизын хъæуы. Æппæты разæй бындуронæй аивинаг сты, истори куыд æмæ цы хуызы амонæм алы скъолаты — астæуккагæй уæлдæрмæ, — уыцы методологон æууæлтæ. Дыккаджы та уый, æмæ стыр фау æрхæссæн ис дзыллон мыхуыры фæрæзтæм: уыдон арæх боны рухс ахæм тæссармæхæцæг, зондгалиугæнæг æрмæджытæн фенын кæнынц, æмæ сæ лæг кæд æргом фæлывд ныхас схона... Истори барвæндæй дызгъуыммæтæгонд куы цæуа, уæд уый йæ фæдыл уæззау бæллæхтæ сайы. Æмæ кæд Цæгат Кавказы Уæ- рæсейы колониалон политикæйы æмæ адæмты ’хсæн ахаст- дзинæдты тыххæй рæстдзинад кæмæндæрты цыфæнды зын ныхъуырæн у, уæддæр ын дарддæр æмбæхсæн нал ис. Нудæсæм æнусы Терчы облæсты историйы æппæтæй къаддæр иртæст у зæххы фæдыл ахастдзинæдты хъуыддаг. Алы адæмты ’хсæн-иу исты быцæутæ, хъаугъатæ, тугкалæн хæстытæ кæй рауад, уымæн дæр йæ аххос ам агуринаг у, ома зæхх куыд дихтæ æмæ уæрст цыд, уым. Биноныгдæр æмæ бæлвырддæрæй равзарын æмбæлы, къазолни зæххытæ æмæ сæрибар зæххытыл кæцытæ æмæ цæмæ гæсгæ нымад цыдысты, уыцы фæтк. Уæд нын уый фадат ратдзæн хохæгтæ æмæ хъазахъхъæгты æмдзæрин царды уавæртæ хуыздæр базонын æмæ бамбарынæн. Кавказы хæсты фæстæ паддзахы æрвыст администраци афтæ нымадта, зæгъгæ, дам, иугæр Уæрæсе кæм фæуæлахиз, уым йæ хæстон хотыхтæй байста æмæ йæ тугæй балхæдта Терчы бæсты зæххытæ. Æмæ-иу сæ уый адыл цы зæххытæ бахъуыд, сæ цæст- иу кæуыл æрæвæрдтой, уыдон та-иу къазолнитæ схуыдтой. 131
Цæргæйæ-иу дзы чи баззад, уыцы адæмыл та хъалон æвæрдтой/ зæххы фиддонтæ сæ домдтой. Цæгат Кавказы адæмты фыдæл- тыккон уыгæрдæнтæ, фосхизæнтæ, хуымгæндтæ Терчы облæ- сты хицауад рæдауæй уæрста паддзахы афицертæ æмæ инæлæрттæн, паддзахадон чиновниктæн, хохæгтимæ хæстыты чи байсæфт, уыдоны бинонтæн. Стæй бынæттон æлдæрттæ, зæхджынтæ æмæ дины кусджытæн. Зæхх ахæм гуымиры хуызы ногæй ногмæ дихтæгонд æмæ уæрст кæй цыд, уый фæстиуæгæн царды фидар кодтой ног æхсæнадон ахастдзинæдтæ, бар-æнæбары адæмтæм кæрæдзимæ фыдæх гуырд. Æмæ та уавæр цæмæй бынтон ма скарз уа, хохæгтæ сæ сæрибары сæрвæлтау æд гæрзтæ ма сыстой, ног хæст ма расидой, уый тыххæй мингæйтты æнæхæдзар, æнæ райгуырæн бæстæ фæкодтой. Хъубаны облæст раст федзæрæг- хуыз, уыйбæрц дзыллæтæ дзы адыгтæй лидзæг фесты Турк æмæ ^ендæр пысылмон бæстæтæм. Сæ цæрæнбынæттæ æмæ цæрæнбæстæ сын-иу уайтагъд бацахстой Уæрæсейæ хæлофæй æфтæг адæм — зноны æфсæддон æмæ абоны чиновник, сæудæ- джергæнæгæй зыбыты гæвзыкк лæджы онг. Уæдмæ Уæрæсейы хъазайраг цардыуаджы фæтк ивд æрцыд, æмæ пъамещыкты æххуырстытæ æмæ цагъайрæгтæ дæр ныххæррæтт кодтой Кав- казы дзæнæтон бæстæм. Раст у, æрцæуджыты ’хсæн хуымæтæ- джы рæстзæрдæ фæллойгæнæг адæм дæр уыд, фæлæ уæддæр сæ дзæвгар фылдæр хай алы æввонгхортæ, æхцаджынтæ æмæ «Кавказы хæсты сгуыхтытæ» уыдысты. Æмæ-иу уыдон ноджы стырдæр бынтæ скодтой сæхицæн. Дзырдæн, инæлар Ольшанский 1868 азы сæудæджергæнæг Ни- колаенкойæн, лæвар ын цы 4 мин дæсæтины радтой, уыдон 35 мин сомыл ныууæй ласта. Иннæ инæлар дæр — Тарханов-Му- равов дæр æй бафæзмыдта: уый та йæ лæваргонд 3 мин дæсæти- ны 27 мин сомыл ауæй кодта. Зæгъæм, уæды рæстæджы дуцгæ хъуджы аргъ та уыд аст сомæй туманмæ. Иу ныхасæй, Кавказы хæст нæ мынæг кодта, дарддæр цыди, фæлæ ныр æндæр фæрæзтæ æмæ мадзæлттæй пайдагæнгæйæ. Бынæттон адæмтæ та — ир, кæсæг, цæцæн, мæхъхъæл, асыйæгтæ æмæ иннæтæ — зæхх, зæхх кодтой, иу адылийы тыххæй-иу æхсæны ауæдзтыл сæ кæрæдзийы туг калдтой, раст-иу мыг- гагыскъуыд фесты. I XIX æнусы 70-æм азты райдианы Владикавказы зылды æмаё’ Чысыл Кæсæджы Шамилимæ хæсты архайæг инæлæрттæ æм# афицертæн, алы чиновниктæн уæрст æмæ уæйгонд æрцыди 1970,8'- дæсæтины æвзаргæ зæххытæ. Æртæ инæлары — Павлов, Свисй’ 132
тунов æмæ Волконский — иумæ райстой 13734 дæсæтины, бул- къон Золотарев — 1200, афицер Деревяненкойы идæдз ус — 150 дæсæтины... Æмæ сæ чи фæуыдзæн нымад! Бынæттон адæмтæм сæ райгуырæн зæххæй æрлæууын-æрбадыны фаг дæр нæ^хауд, æрцæуæг хæддзутæн та — дзаджджын æмæ ахадгæ хæйттæ. Уæлдай тынгдæр сæ хъуыддаг цыд хъазахъхъаг афи- цертæн — уый фæдыл сæрмагонд уынаффæ рахаста император Алыксандр Дыккæгæм 23 апрелы 1870 азы: «Положения об обеспечении генералов, штаб — и обер-офицеров и классных чиновников Кубанского и Терского казачьих войск землей». О, хæдхæцæг паддзахады бынæттон хицауадæй, куыд загъ- там уæлдæр, афтæмæй рох нæ уыдысты хохаг уæздæттæ дæр, Урс Паддзахы зæрдæргъæвд æмæ æнувыд фæсдзæуинтæ, йæ сæрхъуызойтæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ. Æнæмæнгæй ба- фиппаинаг ма уый у, æмæ Цæгат Кавказы зæхх балхæныны бар XIX æнусы тæккæ райдианæй фæстæмæ кæй уыд, афтæмæй Уæ- рæсейы хæстон уæлахизæн та йæ кой дæр ничи фехъуыста. Æмæ, йæ дзыпп кæмæн амыдта, уыдон æй æлхæнгæ дæр кодтой. Æрмæст хæсты азты дæр æмæ уымæй размæ дæр хохæгтæй зæххы хæйттæ чи балхæдта, уыдонæн сæ байстой, фæлæ-иу сын сæ фæстæдæр раздæхтой — ома уыцы хуызы бынæттон бонджынты дæр хæдхæцæг паддзахад йæхицæн лæгъстæйаг дæлбар кодта. Паддзахады колониалон нысæнттæ цæмæй къухы æнтыст- джындæрæй æфтой, уымæн æвæджиауы ахъаз фæцис «Терс- кая сословно-поземельная комиссия» дæр — сарæзтой йæ 1864 азы. Ацы къамис хъуамæ бæлвырдæй бæрæг кодтаид, хæхбæсты цас зæххытæ ис, уый æмæ сæ уæрстаид адæмты ’хсæн, хицæн æхсæнадтæ æмæ мыггæгтæн; хъуамæ цæттæ кодтаид алыхуы- зон документтæ æмæ хъуыддаджы гæххæттытæ. Кæд-иу ’æнæхъæн адæмты æмæ хицæн мыггæгты ’хсæн исты хабар быц- æуаг æмæ хъаугъайаг ссис, уæд-иу уыцы фарста биноныгæй равзарын æмæ ныхмæлæууæг адæмы бафидауын кæнын дæр къамисмæ хауд. Уый фæдыл профессор Н. Гриценко фыссы: «За пять лет своего существования комиссия проделала изве- стную работу. Прежде всего она полностыо удовлетворила желания царских чиновников, офицеров и местной знати, вы- делив им на плоскости десятки тысяч десятин лучшей земли, ранее принадлежавшей рядовым горцам». Алы «фæздæгæн» дæр, ома алы хæдзар-кæртæн дæр цас зæххытæ æмбæлд, уыцы фарста дæр тынг æмтъерытæгонд æмæ зæрдæхсаинаг у. Зæгъæм, Стыр Кæсæджы иу хæдзары хай уыд 36 дæсæтины, Насыраны зылды та æрмæстдæр 18. Ацы хъуыд- 133
даджы дæр хæдхæцæг паддзахад адæмты кæрæдзимæ ных код~ та, хæрамы сын цыд, сайдта сæ. Кавказы хæст куы банцад, уæд инæлар-фельдмаршал кънйаз А. Барятинский императоры номæй ахæлиу кодта ахæм гæххæтт — «Прокламация чеченс- кому народу». Мæнæ дзы иуырдыгæй загъд цæуы: «Все земли и леса на плоскости, где жил чеченский народ до возмущения 1839 года, будут отданы вам в вечное владение». Фæлæ уымæй дарддæр та афтæ хъусын кæны, зæгъгæ, «Исключая тех, кото- рые заняты под укрепления с принадлежащими к ним покос- ными местами; эти земли навсегда остаются в собственности казны. Те же земли и леса в горной полосе, которыми народ до возмущения*не пользовался и откуда вышел при нынешней покорности, останутся в запасе в распоряжении правитель- ства». Æрмæст ахæм къæбæрсайæн æмæ былтæсæрдæн ныхæстæ хохæгтæн уымæй размæ дæр кодтой. 1845 азы Кавказы æлда- риуæггæнæг кънйаз М. Воронцов йæ «Прокламация горским народам»-ы ард хордта: «Религия ваша, шариат, адат, земля ваша, имения ваши, а также все имущество, приобретенное трудами, будет неприкосновенною вашею собственностью и останется без всякого изменения...» Æмæ, куыд зонæм, афтæмæй уыцы хорз ныхæстæ дæр айдагъ хус ныхæстæй баз- задысты. Уæды рæстæджы дæр хохæгтыл дывыдон арт сирвæзт: уыры- сы фарс-иу чи фæцис, уыдоны исбон-иу Шамиль ныххæлæттаг кодта, уырысы ныхмæ чи хæцыд, уыдоны зæххытæ та-иу пад- дзахы хицауад байста. Ноджы ма адæмы сæ фыдæлты уæзæгæй стын кодтой æмæ сæ тыхтардæй алы рæттæм тардтой. Байхъу- сæм ма паддзахы æфсады инæлар Г. Орбелианимæ: «Во всей Чечне не осталось ни одного аула, ни одного двора, которые по не- скольку раз не переселялись бы с одного места на другое». Афтæмæй-иу цы зæххытæ ссæрибар кодтой, уыдонæн-иу сæ сойджындæрты хъазахъхъы хъаллæтæ-фидæрттæ æрцарæзтой. Колониалон политикæйæн йæ иннæ фæзилæн та ахæм уыд, æмæ алы адæмыхæттыты æмтъеры кодтой, хæццæ-мæццæтæ, цæмæй, зæгъæм, уырысимæ цæргæйæ сæхи æгъдæуттæ æмæ цардыуаг рох кæной, ассимиляцигонд цæуой æмæ уæд, чи зоны, æмæ адæмты ’хсæн фыдæхтæ фесæфдзысты, хæларæй цæрын бай- дайдзысты. Стæй, дам, хохæгтæн сæ фылдæры Турчы куы бал- æууын кæнай, науæд сæ Доны былгæрæтты куы ныххæлиу кæнай-байтауай (о, о, ахæм хъуыды дæр сæм уыд), уæд уырыс æмæ хохаг адæмтæ бынтон банувыд уыдзысты. ;
Куыд фæстæмæ знæтæй знæтдæр кодта зæххы фарстайы уавæр, мæнæ^йæ фыццагау «фæздæгмæ» гæсгæ кæй уæрстой, уый фыдæй. Зæгъæм, бирæ бинонтæй иу хæдзар уыдысты, иу кæрт, ома иу «фæздæг» — 50-60 бинойнагæй. Æмæ-иу ахæмтæм дæр, хицæнтæй фæйнæ 5-6 бинойнагæй чи цард, уыдонæй фылдæр зæхх не ’рхауд. Фæлæ адæмы хъаст, сæ фæдис никæмæ хъард- та — нæдæр бынæттон бонджынтæм, нæдæр Урс Паддзахмæ. Куыннæ стæй! Æфсæст дын æххормаджы æмбæрста, мæнæ ахæм æфсæст уæлдайдæр: кæсгон кънйаз Бекович-Черкасский схи- цау 28 мин дæсæтинæн, инæлар Тугъанты Аслæнбег 19 900- йæн! Афтæ уыд хъуыддаг Цæцæн æмæ Мæхъхъæлы дæр. М. Мамакаев фыста уый тыххæй: «Князьки — вожаки отдель- ных тайпов и вообще наиболее видные представители сильных и крупных тайпов первыми завладели почти всеми значитель- ными земельными пространствами, а наиболее слабым и мало- численным общинам не оставалось почти ничего, они оказа- лись сильно ущемленными». Мæхъхъæлон афицертæ дæр хорзæхджын цыдысты зæххытæй. 1895 азы булкъонтæ Аду Ваган сси 500 дæсæтины гæс, Курумов — 562, Арцу Чермоев — 570, дæлбулкъон Базор- кин — 547, Гатоев — 375, Мустафинов — 400... Се ’ппæты лæгæй лæгмæ чи фæуыдзæн нымад, фæлæ æрмæст уыцы аз цæцæн æмæ мæхъхъæлы æвзаргæ лæгтæн радих кодтой æмтгæй ны- майгæйæ 14 мин дæсæтины. Ахæм ахадгæ лæвæртты фæрцы хæдхæцæг паддзахад йæхицæн фарсласджытæ кодта, стæй ад- æмы ахæм зондыл æфтыдта, зæгъгæ, йæ ныхмæ чи нæ лæууа, йæхи сабыр чи дара, науæд та йе ’фсады рæнхъыты хæстмæ чи цæуа, уыдон дæр афтæ таучелæй хынцдзæн! Уæдæ суанг хуымæтæг хъазахъхъæгтæ дæр иу нæлгойма- джы хыгъдмæ истой 30 дæсæтины, хохаг нæлгоймагмæ та кæд нымадæй æрмæст цалдæр дæсæтины хауд, уæд хорз. Æмæ хо- хаг адæмтæ зæхджын хъазахъхъæй се сæфт уыдтой, сæ царды бирæ бæллæхтæ æмæ хъуæгтæ уыдоны азар хуыдтой, паддзах сæ хъулон уарзтæй кæй уарзы, уый сын стыр масты хос уыд. Мæнæ 1854 азы куыд фыста булкъон де-Саже: «Система войны против кавказской природы и сынов ее избрана была верно. 'Каждый наступательный шаг отрезывал горцам безвоз- вратный кусок их родной земли. Так покорены Малая Чечня и Галашки; так отодвинуты горцы правого фланга за Белуб и Уруп. На всех этих местах поселены казаки, устроены укреп- ления с штаб-квартирами полков...» Капиталистон ахастдзинæдтæ куыдфæстæмæ сæхионтæ код- 135
той, æмæ хъазахъхъæй дæр æмæ иннæтæй дæр фæзынд зæххæй сæудæджергæнджытæ. Дзырдæн, Сагопшы хъæуы æрцард цавæрдæр Мазаев. Уый 1886 азы Астемировæй балхæдта 300 дæсæтины, стæй та инæлар Павловæй 1400, инæлар Свисту- новæй 2830, ноджы æфсис нал зыдта æмæ зæххытæ æлхæдта ир æмæ мæхъхъæлы хъæздгуытæй — Плитæй, Абайтæй, Чиби- евтæй, Хамхоевтæй, Мальсаговтæй... Иннæ хабар та ахæм уыд, æмæ зæхх хаццоны лæвæрдтой. Хохæгтæ зæххытæ æххуырсын райдыдтой хъазахъмæ. Хатгай-иу уыцы зæххытыл хохæгты ног хъæутæ дæр фæзынд — уый дын æмæ Галашки, Мужичи, Алхун, Даттых æмæ æндæртæ. Фæлæ боны фæстагмæ Терчы хицауад ахæм хъæуты равзæрд хорзыл нал нымадта æмæ сын сæ цæрджыты фæстæмæ хæхтæм тардтой. Уый дын — Берешки, Мершет, Дæллаг Берешки, Алхæст, Футук, Уæллаг Бомут... Æдæппæт сыстын кодтой 150 хæдзары бæрц. Æмæ хохаг адæмты иу ранæй иннæмæ фосау ратæр-батæр ууыл нæ ахицæн, фæлæ ма суанг геноцид дæр расайдта: хъа- захъхъы æмхуызонæй фæсырд ссæдзæм азты къæсæрыл; хус- сар ирæтты хъысмæт; цыппорæм азты бирæ адæмты хаст... Абон дæр ма уыцы тыхтонаты фæстиуджытæй хъæрзæм, тыхсæм, туг фидæм сæ азарæй. Литературæ: 1. А. Щербин. Земли частыого владепия лиц войскового сословия... Екате- ринодар. 1894. 2. А. Долгушин. 0 иереселении в Терскую область из внутренних губер- пий России. Владикавказ. 1907. 3. II. Грицепко. Социалыю-экопомическое развитие Притеречпых райо- пов в XVIII— первой половине XIX в. Грозный. 1961. Стæй: Экоиомическое развитие Чечеио-Ингушетии в пореформепный иериод (1861-1900 гг.). Гроз- ный. 1963. 4. В. Гарданов. Обычпое право... (Советская этпография. 1960, № 5). 5. П. Гаврилов. Устройство иоземелыюго быта горских племеп Севериого Кавказа (Сб. св. о кавказских горцах. Выпуск II. Тифлис. 1869). 6. Н. Смирнов. Мюридизм иа Кавказе. М., 1963. 7. Б. Берозов. Аграрный вопрос и крестьянское движеиие в пореформеи- пой Северпой Осетии. Ордж. 1980. • 8. М. Мамакаев. Чеченский тайп (род) и процесс его разложепия. Гроз- пый. 1962. 9. Г. Дзагурова. Под российскими зпаменами. Владикавказ. 1992. 10. Г. Мартиросян. История Ингушетии. Ордж. 1933. 136
«МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ Бинонтæ... Ахæм ныхас баззади: «Чи цы хæдзар-бинонтæй рац’ыди, ахæм вæййы!» Хæрзæгъдæутты, хæрзæфсарм адæмы тыххæй дæр уый зæгъæм, æндæр уæдæ куыд... Ахæм ныхас дæр баззад, зæгъгæ, дам, кæд кæвдæсард мыг- гаджы дæр иу хорз лæг ис, уæд уыцы мыггаг дæр уæздæттæй у. Абоны бон алы фыдгæндты бын кæй фæцис нæ цард, уый дæр æппæты фыццаг паддзахады аххос у, дыккаджы та бинонты. Науæд та, цæхгæрдæрæй дзургæйæ, фыццаг бынаты бинонты мидахастытæ, сæ дунеæмбарынад æвæрын хъæуы—алы фыдвæнд æмæ фыдгæнæг бæллæхыгуырд дæр бинонты ’хсæнæй рацæуы. Ацы бирæ дзæбæх адæмæй мæ иуы тыххæй чысыл бæлвырддæр зæгъын фæнды. Æмæ уал Къостайы рæнхъытæ æрымысæм — уæлдайдæр сæхæдæг бар-æнæбары зæрдыл æрлæууынц, Тугъанты зæды къабузмæ кæсгæйæ: Дæу сырх дарииæ Хорз ысфæлыста! Дæу сызгъæрин рон Нарæг балвæста!... Риуыгънæджытæ Хъазынц стъалытау... Уæд дæ хæрдгæ хуыд, Уæд дæ алы ’гъдау!.. Тугъанты Елхъаны чызг Бацæйы къам нæм раздæр æнæнхъæлæджы ’рбахауд кæмæйдæр — кæс ацы азы фыццæгæм номыры равдыст. Чи у, уый уæд зонгæ дæр нæма кодтам. Уалын- джы Бæстæзонæн музейы къамтимæ мæнæ ацы дыууæ къамы дæр разындысты — стыр æхсызгон нын уыд ногæй Бацæимæ фемоæлын. Ирон Джокондæ у раст... Куыд нæ нæм ис абон дæр чызг рæсугъдтæ, уындджын-конд- джын адæм, фæлæ нын мæнæ ацы уæздан мидрухс цы фæцис, цы?.. Гусалты Барис 137
* Я" со >л СЗ ^ .. 2 * § 34 >>>я Д Л 1-1 й) ^ хо М % | 2 ^«< ^ л *5 и ь^ й § * >-| ГО С"1 сн ^ ~ О Л ^ « м 4 и ^ >Я ч5 - 2 « о 8 х ^ ? < ев Й 138
Бацæйы фæивддзаггæнæи нæй. Инпæ у Тугъанты Беслæпы чызг Дзы- бапдæ. Бадгæ чи кæиы, уый у Датиты Адылджерийы ус, Тугъантæй. Ыæлгой- маг у Тлаттаты Хадзы-Умар. 139
Гуцъунаты Хабиби йæ бипойнагимæ. 140
Бузарты Констаптин йæ бипоптимæ. 141
Есиаты Фатъимæт, Æлдаттаты Хамби, Есиаты Лсиат. 142
& < н о. & < Н оз 2 >я о *-■ < 2 и М Д X Б ^ >5 м д о Оч & ^ и пз Д . А н X о ГО & д 5У н н < д « и д 2 и н о й < сх М ^ 5 Й < о ? н н п, аз аГ ^ го х: 143
^ § оо СО ’й и & « I &1 ^ «.$% 5 ч < я ^ й’ .«Н р ^< •4« й" * 3. м м 5 3 § *< м 2 I 55 ОЗ и Ы < < и л Г-Г сО 8 I ! л и <. 1 Й I 144
и 03 Я 55 о о. & У^ л 03 и 03 и л >л < >> д Рн & >з \о й и А < О. 2 < 03 ^н _• Л Н у 3 < 03 Оч 2 55 М 00 оз &. >я М 2 оз М я д н у 2 < 2 ■ 03 < О. & {-1 03 2 >5 О и < и Д д оз Н и < & 2 К Е О Ф >2 оз Д н о >2 2 н и N ь* 5 \о 03 и оЗ Си <и <Ю X о < < й н 03 г- М >> >> 10 Мах луг № 4, 1999
Лæугæ чи кæпы, уый у Хъаныхъуаты Ллмахситт. Ипнæтæ 6æлвырД; бæрæг не сты. 146
Биноптæ. Хохы Цымыти. 147
>Е м и <и \о л со л »Я X н сЗ X Л < га № >^ & я и Ы Он & \о < Рч А бæлв >з 2 >^ ^ л Н~ л СО < 2! Г 1 н 2 N < 2 & >> « < >а ’ Ы* X о Оч » « ь л < 5. 3 < 01 | 5 м 8 » СО ’в4 и Ы X ы и N % м & Ён X о я 8 \о д н я н л <
ФЫСДЖЫТÆ ХУДЫНЦ ХУЫСЕ БЫНДУРÆВÆРÆГ Камал æмдзæвгæ ныффыста, цыма сæ хъæуы сывæллæттæ бамбырд сты уынджы æмæ цин кæнынц: «Рæхджы та нæм æрцæудзæни Камал æмæ та нын æрхæсдзæни гагатæ!» Уый раджы уыди. Ныр хæрзæрæджы, райсомæй сæ куысты раз куы бамбырд сты фысджытæ иу къордæй, уæд сæ чидæр кæйдæр æмдзæвгæ куы радзурид, æмæ уым дæр — гагаты кой. Камал æнæрвæссон худт бакодта: — Уадз æмæ фыссой. Уæддæр гагахæссæн поэзийы бын- дурæвæрæг мæхæдæг дæн. КУЫДЗÆН ХЪЫГ УЫДИ... Хъодзаты Æхсар æмæ Хуыгаты Сергей кусæн хæдзарæй ра- цыдысты. Сæрдыгон хур бон уыд. Бæрзонд заз бæлæсты бын аууоны йæ даргъ æвзаг æрласта æмæ лæнк-лæнкæй улæфыд иу стыр бур куыдз. Æхсар цæхгæр фездæхти куыдзмæ — рагæй дæр куыйтимæ «ныхас кæнын» уарзы — йæ тъæпæн арм æм бадардта æмæ йæм дзуры: — Ды уый зоныс, æмæ Бердæн (поэттæй кæйдæр ном загъ- та) адæмон поэты ном дæттынц? Куыдз дын уый фехъуса! Фестад æмæ, фæстæмæ фæкæс- фæкæсгæнгæ, фæндагмæ асæррæтт ласта. Æхсар худгæйæ загъта: — Гъеныр федтай, куыд хъыг уыди куыдзæн, Бердæн адæ- мон поэты ном кæй дæттынц, уый! 149
ИУМÆЙАГ ДÆНДАГ Агънаты Гæстæн уæд Мæскуыйы ахуыр кодта, Литинститу- ты. Иу фæсахсæвæр дын йæ дæндаг срысти. Бонмæ хуыссæ- джы цъыртт нал федта. Райсомæй куыддæр дохтыр йæ кусæн- уаты дуар бакодта, афтæ дзы Гæстæн фæмидæг, йæ дæндагыл хæцгæ. — Мæлын... Тагъддæр... Слас мын мæ дæндаг! Дохтыр ын йæ ком ныххæлиу кæнын кодта, федта сахъат дæндаг. — Нæ, ай æфтауыны дæндаг нæу. Ай дзæбæхгæнинаг у. Гæстæн хæрдмæ фесхъиудта: — Дзæбæхгæнинаг æз дæн! Мæлгæ дзы кæнын. Ласгæ у! — Нæ, нæу, — загъта та дохтыр. Уæд æм Гæстæн йæхи фæгæмæл кодта: — Дæу цы хъæуы, мæ дæндаг нæу?! — Нæ, æрмæст дæ дæндаг нæу. Уый махæн иумæйаг дæндаг у, — загъта та дохтыр æмæ Гæстæны дзыхы бæмбæджы ком- раз атъыста. 150
У/Р.ГГЖМХАСÆН ХУДИНАГУ, ИРОН, ХУДИНАП Æнхъæлдтам, партийы обком куы нал ис, уæдæй фæстæмæ хицауадыл сардауыны ныфсæй йæ уацмыстæн мыхуырмæ фæндаг ничиуал агурдзæн, зæгъгæ. Фæлæ... Тынг хъыг у зæрдæйæн ацы хабар. Хъаст кæй кæны Софрон, уый йæхи бар у, фæлæ скъолайы ахуыргæнæджы ном хæсс, афтæмæй суанг Президентмæ фысгæйæ дæр уыйбæрц рæдыдтæ скæн! Уæд та йæ фыстæг йе скъола- дзаутæй искæмæн куы бакæсын кодтаид йæ арвитыны агъ- оммæ... Уæдæ цас «фыссæг» у, уый ацы эпистолярон уацмы- сыл дæр бæлвырд бæрæгæй зыны, æмæ йыл мах нал дзур- дзыстæм Редакци. 151
152
153
154
155
156