Text
                    Дзугаты-Мурасты Риммæ
СЫРХ ПАРТИЗАН
Турчы хæсты,
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты
фæсчъылдымы активон архайаг, партизан,
дзырддзæугæ лæг
Дзугаты Дохцыхъойы фырт
Гæбилайы (Гаврилы)
кадæн
Дзæуджыхъæу
2021


ББК 84 (2 Рос=Осет) Дз76 Дзугаты-Мурасты Р. Сырх партизан [Текст]: Дзæуджыхъæу, 2021. - 116 ф. Дзугаева-Мурашева Р.Ч. «Красный партизан» (Сырх партизан): [текст] /Р.Ч. Дзугаева- Мурашева. - Владикавказ: - 2021. - 120 с. Книга «Красный партизан» (Сырх партизан): исследование жизни участника турецкой войны, руководителя Рокского партизанского отряда с 1917 по 1921 годы, активного участника Великой Отечественной войны в составе действующей армии Дзугаева Габила Дохцикоевича. Большой интерес представляют для потомков: поэма «Красный партизан» поэта Х.Х. Дзугаева, посвященная Габила Дзугаеву (публикуется впервые); портрет Габила - кисти выдающегося осетинского художника М. Туганова (был обнаружен в 2011 году на юбилейной выставке художника в Музее имени М. Туганова); страницы истории Горного Карца и фамилии Дзугаевых; фамильное древо предков и потомков Габила; старые фотографии и копии документов из домашнего архива; копии некоторых статей о Габила, опубликованные в книгах и на страницах газет. Много интересного можно узнать из этюда «Къухдарæн æнгæс æхсæрдзæн» («Кольцо»-водопад), об уникальном природном явлении в Верхнем Карца, которому нет подобных не только в России, но и в мире. Книга адресуется широкому кругу читателей.
Фамилия Дзугаевых выполнила свой долг перед человечеством, дав миру Иосифа Сталина. Ахсарбек Галазов, Казбек Японович Фидаров Дзугаты мыггаг дзыллæты раз йæ хæс сæххæст кодта, дунейæн Иосиф Сталины кæй радта, уымæй. Галазты Æхсарбег, Фидараты Хьазыбег 3
М.Туганов Портрет Габила Дохцикоевича Дзугаева 20-е годы, б, пастель Собственность Музея краеведення РЮО 4
Цы мыггаджы Гæбилайы хуызæн лæгтæ уа, уыцы мыггагæн мæгуырæй тас нæу. Цæгæраты Созырыхъо 5
Æмдугонтæ Гæбилайы тыххæй: Джусойты Нафи: «Ирыстоны алыхатт дæр уыдис кадджын лæгтæ. Уыдонæй иу - Дзугаты Гæбила. Гæбилайы хæрзтæ æгæрон сты хуссайрæг лигъдонты раз. Чъехы нарæджы йе ’мбæлттимæ гуырдзиаг меньшевикты ныхмæ цы стыр хъæбатырдзинад равдыстой, уый фæрцы къуыдаргомы æфхæрд адæмæн фадат радтой хъæдтæ æмæ хæхты сæрты ахизынæн Цæгатмæ...» Цæгæраты Созырыхъо: «Цы мыггаджы Гæбилайы хуызæн лæгтæ уа, уыцы мыггагæн мæгуырæй тас нæу». Гиоты-Ханайты Разиат: «Гæбила фистæгæй куы цыдаид, уæддæр бирæ бæхджынтæй бæхджындæр уыдис». Гуыриаты Шамилбег: «Æз зыдтон ахæм лæджы æмæ дæм æппын хæрын, нуазын куы нæ цыдаид, уæддæр-иу ахæм ныхæстæ ’ссардта æмæ-иу лæгæн йемæ æнæ сразы йæ бон нæ бацис. Уый уыдис Дзугаты Гæбила». Уалыты Хасанбег: «Гæбила уыдис Дзауы Коммунистон партийы райкомы бюройы уæнг. Районы бюройы уæнгтæ стыр аргъ кодтой йæ ныхасæн æмæ-иу йæ фæндон арæх лыг кодта вазыгджын фарстатæ...». 7
Дзомагъгом фыдран æмæ фыдбын у, Дон дзы, калмау, абухы къæдзтæй. Уым уæлбæхæй бацæуын фыдзын у, Фистæгæй дзы раст ацæуæн нæй. Дзугаты Хадэюумар Дзомагъгом — ущелье на севере в Дзауском районе РЮО. Находится в исторической области Урстуалта, на границе с Северной Осетией. Название происходит от селения Дзомаг (Фæзы Дзомагъ), 8
Гæбилайы фæдонты равзæрды царды бæлас Дзугаты Мураты проект. Йæ саразыныл бакуыста Сохъуырты Индирсе. 9
10
Фæзминаг хистæр Уый бахъомыл уæлыгæсæй фыййаумæ Ныр царды уæз йæ уæхсджытыл æрбадт. Уый кастис рухс цæстытæй цардмæ Æмæ ныр цардæн базыдта йæ ад. Дзугаты Хаджумар Дзугаты Дохцыхъойы фырт Гæбила (Гаврил) райгуырд 1888 азы Дзомагъы Дзугаты хъæуы Дзауы районы мæгуыр зæхкусæджы бинонты ’хсæн. Дохцыхъо æмæ Макъи (Дзапарон-Нана) хæхбæсты уыдысты нымад. Цардмæ сын равзæрд дыууæ лæппуйы (Гæбила, Федыр) æмæ дыууæ чызджы (Уардис - уыд Тарскæйаг Мæхъиты чындз, Уæлгъа смой кодта Къахетмæ Тугъантæм). Уæззау хæххон æвадат царды æнцон нæ уыд бинонтæ дарын. Сабитæ куы рахъомыл сты, уæд сæ алчи дæр йе ’ххуысы хай хаста ныййарджыты хæдзарон зылдтыты: хæхты къуылдымтыл хызтой фос, карстой æмæ ’ссывтой хос, зылдысты фосмæ... Дохцыхъо æмæ Макъи ахуыр кодтой сæ сывæллæтты ирон царды скъолайы æгъдæуттыл, куыстыл. Зымæгон даргъ æхсæвты сын кодтой аргъæуттæ, таурæгътæ, ахуыр сæ кодтой зарын, кафын. Хæххон уагæвæрдмæ гæсгæ бинонтæ хистæрæй- кæстæрмæ иумæ цардысты æнгомæй. Куы-иу бабирæ сты, уæд æфсымæрты хистæр дих кодта фыды хæдзарæй æмæ-иу сарæзта ног цæрæн къона. Дохцыхъойы амарды фæстæ Дзапаронæн йæ тиутæ бауынаффæ кодтой æмæ сын йæ цыппар сидзæримæ рауæлдай кодтой цæрæн бынат, хæдзары дзаумæттæ æмæ иу род. Хъыгагæн, зæххы хай сæм не ’рхауд, уый та уæлдай 11
уæззау уаргъ æвæрдта ног бинонты цардыл. Макъийæн райдыдтой йæ сидзæргæсы дудгæ бонтæ. Дзомагь. Дэюыккайты хьæу Хохаг æвадат уавæрты тых-тухитæ кодта, æхсæв бонæй не ’взаргæйæ, лæгты æмхуызон цæвæгæй хосгæрдæнты йæ уис хаста, ыссывта хос, мæкъуылтæ амадта, йе ’нахъом сабитимæ æхсæвыгæтты хæдзары куыстытæ кодта дыдзырухсмæ. Кæрдзындæттон дæр чи уыдис йæ хъæуы, Салам ныхасмæ чи арæхст хуыздæр?.. Цы мæрдты ис - цырагъ ын он æнусмæ - Нæ комбæстæ йæ ’рымысынц ныр дæр. 12
Лæгау кæрдынмæ арæхстис цæвæгæй Фæрæтæй та ?.. Нæ йын уыдис æмбал. Цæуынмæ - бæх, цы дугъон æй æййæфта, Уæд кусынмæ - хъамбул уæрæхджын гал. Дзугаты Хаджумар Бинонты мад хорз æмбæрста, æнæ зæххы гæппæл уал сывæллонимæ хæхбæсты цæрын зын кæй уыдзæн. Куырыхон сылгоймаг ныхъхъуыды кодта: базылд йæ гайлагмæ, аргæвдын æй кодта. Дзидза йæ сидзæртæн ныууагъта, йæ цармæй та йын сбыдта гæрзбæндæн. Фæзы Дзомагъы цæрæг Джыккайты бинонтæн йæ бæндæн баивта зæххы хайыл (гъе, ахæм стыр аргъ уыд гæрзбæндæнæн хæххон зын царды). Афтæ Дзапарон йæ сидзæртæн самал кодта зæххы хай. Рæстæг цыд, бинонтæ куыстой, амæлттæ кодтой æмæ сæ зæххытæ дæр сæ сæрæн ныййарæджы фæрцы уæрæхæй уæрæхдæр кодтой. Зындгонд ахуыргонд Джыккайты Шамил-иу арæх дзырдта: «Дзапарон йæ куырыхон зонд, йæ цæхх æмæ йæ къæбæрдæттоны руаджы байста Джыккайты уыгæрдæнтæ æмæ сæрвæтты хуыздæртæ, цæмæй йæ сывæллæттæ аирвæзой хæххон зынвадаты царды». Фыдбон æмæ фыдлæг бирæ нæ цæрынц. Бонтæ цыдысты, цард Макъийы бинонтыл дæр сабыргай хуыздæрырдæм зынд. Сабитæ куьтд хъомыл кодтой, афтæ се ’ххуысы хай хастой сæ ныййарæджы царды уæз фæкъаддæр кæнынæн: лæппутæ цыдысты уæлыгæс бонджынтæн, фæстæдæр - фыййау, чызджытæ кодтой хæдзары сылгоймаджы зилæнтæ. Макъи æнахуыргонд уæвгæйæ йæ сидзæр хъæбултæн бæллыд рухс, амондджын фидæнмæ. Æмбæрста, ахуыр царды рухс æмæ амонд кæй у. Йæ хистæр 13
лæппу Гæбила куы рахъомыл, уæд ныхъхъуыды кодта æмæ йæ райдиан кълæсты ахуырад райсынмæ арвыста Нары хъæумæ - йæ цæгатмæ - Дзапартæм. Гæбила уыд зæрдæргъæвд сывæллон æмæ ахуыр кодта хорз, æгъдауæй уыд фæзминаг. Скъолайы иу партæйыл бадт æрæййæфта, фæстæдæр зындгонд фыссæг Дзанайты Иванимæ (Нигер). Хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци райдиан кълæсты программæ æмæ фæстæмæ аздæхт Дзомагъмæ. Уый бахъомыл уæлыгæсæй фыййаумæ Ныр царды уæз йæ уæхсджытыл æрбадт. Уый кастис рухс цæстытæй цардмæ Æмæ ныр цардæн базыдта йæ ад. Дзугаты Хаджумар Сидзæр цас мæгуыр вæййы, уыйас ын Хуыцау æххуыс кæны æмæ йе ’мгæрттæй афонæй раздæр лæгдæрхуыз авæййы. Афтæ Гæбила дæр бæрзонд, бæзæрхыгтæ лæппулæгæй агæпп ласта афонæй раздæр. Йе’рыгон уæнгты лæджы тых бацыд, æмгæрттимæ хъæбысхæсты ерысты кæддæриддæр уыд уæлахиздзау. Макъи сæрбæрзонд уыд йæ хистæр хъæбулæй, йæ кæстæртæн ын фæзминаг кæй рауад, уымæй. Бинонты царды уаг фæхуыздæры охыл Гæбила ацыд куыстагур Грознамæ. Цалдæр азы бакуыста нефты заводы æмæ материалон æгъдауæй бинонты царды уавæртæ фæхуыздæр сты, стæй уырыссаг æвзаг дæр базыдта хуыздæр. 14
Уыцы рæстæг политикон цард уыд æмтъеры, Уæрæсейы зæххытæм лæбурдтой алырдыгæй. Турк æмæ Уæрæсейы денджызон арæнтыл цыдис змæстытæ. 1914 азы райдыдта Фыццаг Æппæтдунеон хæст (1-ая Мировая война). Хæстхъом адæм цыдысты лæгæвзарæн тохмæ Райгуырæн бæстæйы арæнтæ бахъахъхъæны сæраппонд. Гæбиламæ фæдзырдтой йæ граждайнаг хæс баххæст кæнынмæ паддзахы æфсады службæмæ æмæ æрвыст æрцыд Кавказы æфсадмæ, кæцыйæн уыцы рæстæг разамынд лæвæрдта инæлар Воронцов-Дашков. Гæбила йе ’мхæстонтимæ тохы быдыры туркæгтæн хъазуатонæй лæвæрдтой стыр ныхкъуырд. Уыдис тыхджындæр йе ’мгæрттæй Гæбила, Æппæтмæ дæр цæрдæг æмæ ныфсхаст. Сæгуытау рæвдз, уыд алы ран фæразон, Æзнагæн иу нæ ныббарста йæ маст. 15
Цард æй ныр йæ сау базыртыл айста, Турчы хæстмæ бахаудта салдат. Йе ’фсæдтимæ Хъарсы фидар байста, Карз æзнагæй хъахъхъæдта йæ цард. Диссагæн дæр баззади: æрмхæсты, Раст уæйыгау, райдыдта дæрæн Туркæгты æппæрста уый йæ сæрты, Арцæн дæр куыд нæ уыдис сæттæн!.. Топпæй-иу кæй рацавта фæстæрдæм, Уый-иу уыцы минутыл фæмард. Хоркуыристау, хаудысты фæйнæрдæм, Чи йæ зоны, цас дзы фæци цагъд... Æмæ стыр тауырæгъты, Антейау, Рацыдис уæлахизæй хæстæй. Фæлæ амонд баззадис æддейау Æмæ хæлди, цардæнхъæл, мæстæй. Поэт Дзугаты Хаджумары поэтикон рæнхъытæй куыд бамбæрстам, афтæмæй хохаг сæрæн гуырд йæхи равдыста хъайтарæй. Йæ хорз службæйы тыххæй йын майданимæ хорзæхæн лæвар æрцыд номылдарæн хæцæнгарз дæр. 1917 азы йæ паддзахадон хæс баххæсты фæстæ Дзугайы-фырт сыздæхт йæ фынты цы алæмæттаг æрдзы хъæбысæй ацыд, уыцы райгуырæн хъæдфæлыст кæмттæ æмæ рæгътæм. Уæззау æмæ тыхст уавæрты æрбаййæфта фæстæмæ бынæттон цæрджыты. Гуырдзиаг меньшевиктæ мæгуыр адæмы царм ’стыгътой, хъизæмарæй сæ мардтой. 16
1920 азы Джугъелигъуызтæ Хуссар Ирыл бандзæрстой цъæх арт. Æнæбон адæмы, сылгоймæгты сæ сабитимæ кæмттæй сæрсæфæнтæй æппæрстой. Хæхтæ сæ тæригъæдæй æмризæджы рызтысты. Алы ’рдыгæй лæбурдтой Деникины ’фсæдтæ дæр. Æфхæрд дзыллæ хъизæмайраг цардæй бафæлладысты æмæ сæ бартыл сусæгæй-æргомæй тох кæнын райдыдтой. Хæхбæсты цæрæг адæм æнкъарын байдыдтой революцийы тæваг. Гæбила йæхи æмхуызон патриоттимæ бацыд партизанты къордмæ æмæ æмвæндæй тох кодтой мæгуыр адæмы æфхæрджыты ныхмæ. Уыд Чъребайы æмæ Дзауы змæстыты активон архайджытæй. Фыссæг Дзугаты Хаджумары «Сьтрх партизаны кадæг»-ы ис ахæм ныхæстæ: Уанелы стыр кæрдæгджын фæзы Февзæрди нæ тæккæ раз лæг бал. Цыма ратахт арвы фат мæ рæзты, - 0, Хуыцау, мæ уд дын уæд æмбал!.. Уыд сæ хистæр - Дзугаты Гæбила, Дардзæн уый нæ фыды фыртæй хæс. Уадз йæ хæдзар галиумæ фæзила, Ахæм дзы, кæд никуы федтон æз. Доны сæр дыууæ рæхснæг бæласы, Авæрдта дыууæ уысммæ йæ бал. Лæг йæхи уым иннæ фарсмæ байсы Æмæ ратты адæмæн салам: - Ма тыхсут, ’фхæрд ирон дзыллæтæ, Уе ’ фхæрд сын нæ ныббыхсдзыстæм мах. 17
Нал хæссæм цагъайраджы къæлæттæ, Фесæфæд, æлдар æмæ падцзах! Уыцы рæстæг падцзахы хъузонтæ тынг зылдысты сæрибарыл тохгæнджыты фæдыл. Гæбила æмæ йе ’мцæдисонтæн тас уыд æрцахсынæй. Уымæ гæсгæ 1921 азы февралы мæйы сфæнд кодтой гуырдзиаг меныпевикты пырх кæнгæйæ Ручъы æфцæгыл лигъдонтимæ Цæгатмæ ахизын. Ирон адæмæй абон дæр рох нæу Чъехы нарæджы Гæбила йе ’мбæлттимæ æфхæрд адæмы сæраппонд цы хъæбатырдзинад равдыстой, уый. Цæмæй ’знæгтæн сæ фæндаг æрæхгæдтаиккой, уый тыххæй рагъы сæрмæ æккойæ схаста пулемет (уый та æнцон хъуыддаг нæу къуылдымтыл, ахæм зын фадат æмæ уавæрты бакæнын. Иуæй хæцæнгарз йæхæдæг уæззау уыд, иннæмæй, цæмæй хуыздæр æхстаид, уый тыххæй ма йын йемæ схастой дон дæр). Джусойты Нафийы мысинæгтæм гæсгæ, хохы рæбын æрбынат кодтой аууонран (сæ иу уыд Плиты Бетъре, фæстæдæр баисты Джыккайты Дауиты сиæхстæ). Меньшевикты балбирæгътæ куыддæр нарæджы æрбазындысты, афтæ сыл бæрзондæй сармадзаны нæмгуытæ æркалдтой æмæ сын нæдæр размæ, нæдæр фæстæмæ уыд лидзынæн фадат. Æнхъæл куыд нæ уыдысты, ахæм стыр ныхкъуырд райстой лæгмартæ, тынг бирæ сæ фæцагъды, чи ма сæ аирвæзт, уыдон та тыхтæ æмæ амæлттæй лыгъдысты фæстæмæ. Афтæ Гæбила æмæ йе ’мбæлттæ сæ лæгдзинады фæрцы хуссайраг лигъдæттæн зæрондæй, сылгоймагæй, сывæллонæй фадат радтой хæххон нарæг къахфæндæгтыл Цæгатмæ аирвæзынæн. 18
Гæбпла æмæ Бела. ХХ-æм æнус, 40-æм азты ист къам Рæстæг цыдис, Гæбила йæ усгуры кары бæргæ бацыд, фæлæ бинонты кой нæма кодта. Макъи мæты бацыд, тыхст, хинымæры йæхицæн агуырдта чындзаг. Фæзы Дзомагъы Джыккайты Дауиты чызг Бела йæ зæрдæмæ бæргæ цыд, фæлæ æгæр æрыгон уыд æмæ мад йæ ныфс нæ хаста Гæбилайæн йæ зæрдæйы бæллиц раргом кæнын. Фæлæ фæндтæ Хуыцаумæ сты, адæймагæн йæ хардз æмæ йæ амонд цы уа, уымæй никуыдæм ис фæиуварс уæвæн. Гæбила уынд æмæ кондæй куыд аив уыд, афтæ дæсны уыд кафынмæ, зарынмæ дæр. Иубон Фæзы Дзомагъы Джыккайтæм чындзæхсæвы хъазты йæ арæхстдзинад куыд æвдыста, афтæ йæ цæст æрæвæрдта аив даргъдзыкку фæндырдзæгъдæг æрыгон чызгыл. Дыууæ æрыгон уды кæрæдзимæ куы фемдзаст сты, уæд сæ зæрдæты уарзты арт ’ссыгъд. Цыбыр рæстæгмæ амонды къуыбылой Макъийы 19
хæдзармæ батылд æмæ Дзугаты фæрнджын кæртæй райхъуыст цины зард æмæ фæндырдзагъд къæрццæмдзæгъдимæ. Æнæхъæн комбæстæ цалдæр боны дæргъы стырæй-чысылмæ Дзугаты æмæ цытджын Джыккайты Дауиты кæстæрты амондыл фæцин кодтой. Макъийы чындзæн йæ хорзы кой цыбыр рæстæгмæ айхъуыст æгас комбæстыл. Бела, фæзминаг чындз кæй рауад, уымæ гæсгæ Дзугаты усгур лæппутæй Исмел, Федыр æмæ Иликъо Гæбилайы фæстæ сæхицæн цардæмбæлттæн равзæрстой Джыккайты мыггаджы чызджытæй. Гæбила æмæ Белайы уарзты ахстоны равзæрд иуæндæс сывæллоны. Хъыгагæн, æртæйæ амардысты ноггуырдтæй, Валодя æмæ Софья - гыццылтæй, Хазби фæмард Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Барис, Асиат, Æхсар Зæирæ, Мурат хъомыл кодтой æмæ рæз хастой ныййарджыты уарзтæй. Дзугаты бинонтæ уыдысты комбæсты нымад, кæрдзындæттон, уазæгуарзон. Гæбила уарзта адæмон сфæлдыстад, изæрыгæтты-иу йæ сабитæн кодта таурæгътæ, аргъæуттæ, зарыд сын хъæбатырты зарджытæ. Дзомагъгомы уыдис фондз хъæуы: Дзомагъ, Магъ, Къæзатхъæу, Саджынкъуырф æмæ Дзугаты хъæу. Ацы хъæуты цæрджытæ цардысты хæларæй, уазæг сæм уыд кадджын. Уæззау хæххон куыстыты фæстæ-иу фæсивæд изæрыгæтты æрбамбырд сты æмæ-иу се ’мгæрттимæ гыццылæй-стырмæ сæ хъарутæ фæлвæрдтой хъæбысхæсты, стыр дуртæ исын æмæ æппарыны, гуыркъо, гуда æмæ хъултæй хъæзтыты, зард æмæ кафты. Алы хъæуы дæр уыдис дзырддзæугæ, куырыхон лæгтæ. Ахæм лæгтæй Дзугаты мыггаг дæр цух нæ уыд. Сæ зарæггæнджыты къорды кой дæрдтыл айхъуыст æмæ зындгонд музыкалон архайæг Галаты Барис 1944 азы 20
сæрмагондæй бацыд Дзугаты хъæумæ. Къорды архайджыты зардмæ байхъуыста. Йæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты æмæ сæ цалдæрæй ахуыдта Сталинирмæ (Чъребамæ). Магнитофоны лентыл сын ныффыста сæ зарджытæй иу къорд, систа сын сæ къамтæ æмæ сæ рахуыдта «Дзугаты зарджыты къорд». Уыцы зарджытæ абон дæр сты Ленинграды Пушкины номыл музейы фондты архивты. «Дзугаты зарджыты къорд». Галаты Барисы ист къам. Бадынц: Дзугаты Габо (Ростъомы фырт), Хасæхъо (Дэюиуæрдэюийы фырт), Хъæрæсе (Харитоны фырт); Лæууынц: Плиты Никъала (Патонкайы фырт), Дзугаты Георги (Гоги - Хасæхъойы фырт) æмæ Джыкккайты Аким (Ефремы фырт) 21
Советон хицауад куы фæуæлахиз, уæд адæм банкъардтой сæрибары тæваг æмæ æмдыхæй февнæлдтой иумæйаг хæдзарадтæ аразынмæ. Гæбила хъазуатонæй архайдта Дзомагъы колхозы райрæзтыл æмæ йæ фæстæдæр равзæрстой сæрдарæй. Хицауад цыдæриддæр хæс æвæрдта йæ дæлбар хæдзарады размæ, уыдон йе ’мцæдисонтимæ æнтыстджынæй æххæст кодтой. Хæдзарад бонæй бонмæ рæзтис æмæ нымад æрцыд районы хуыздæрыл. Хицауады цæсты Гæбилайы зæрдиаг архайд уыд нымад. «Гæбила уыдис Дзауы Коммунистон партийы райкомы уæнг. Районы бюройы уæнгтæ стыр аргъ кодтой йæ уаз ныхасæн. Арæх-иу йæ фæндон лыг кодта вазыгджын фарстатæ...», - бирæ хæттыты-ма абон дæр æрымысы Карцайы цæрæг Уалыты Хасанбег. Мыггаджы хорз гуырд куы рахъомыл вæййы æмæ фæзминаг куы рауайы йæ ныхас, йæ хорз хъуыддæгтæй хиуæттæн, къабæзтæн, хъæубæстæн, æмгæрттæн, йæ алыварс цæрæг адæмæн, уæд йæ кой дæрддыл айхъуысы. Афтæ рауад Дзугаты Гæбилайы хъысмæт дæр. Уыд дзырддзæугæ, цыргъзонд, нымад лæг. Йæ кой, йæ ном айхъуыст хæхбæсты. Ахæм цин, ахæм зиан нæ уыд æмæ Гæбилайы æгъдауы фæдыл ма бацагурой. Йæ ныхасæй, йе ’гъдауæй, йæ зардæй æмæ кафтæй аив кодта алы циндзинад. Иæ ракуывдмæ йын адæм диссагæн хъуыстой. Йæ дзырдæн уыд стыр аргъ, ничи йæм фæрæзта фæстæмæ сныхас кæнын. Цал æмæ цал туджджыны бафидауын кодта йæ куырыхон зонды фæрцы?! Ахæм лæгтæй-иу бæгуыдæр загътой: «Комы лæг у!». 1941 азы нæ бæстæйы сæрмæ сау фыдохы хабар куы айхъуыст, уæд хæхбæстæй йæ къухмæ хæцæнгарз райсыны хъом чи уыд, уыдон иууылдæр аивылдысты фронтмæ. 22
Гæбила уыцы рæстæг уыд Дзомагъы колхозы сæрдар æмæ хицауады уынаффæмæ гæсгæ урæд æрцыд фæсчъылдымы хæстæн æххуысæн (резервы). Снысан æй кодтой разамонæгæй хæстмæ цæуынхъом чи нæ уыд, уыдонæн. Номхыгъдтæ куы арæзтой хæстхъом адæмыл, уæд Гæбила се ’хсæн ауыдта сыхаг сидзæргæсы иунæг хъæбулы ном. Ахахх æй кодта æмæ дзы бафыста йæ хистæр хъæбул Хазбийы ном. Хъыгагæн, Хазби хæсты быдыры карз тохы мæлæтдзаг цæф фæцис знаджы нæмыгæй æмæ æнустæм баззад æрыгон хъæбатыр Салдатæй (1922-1943). Гæбила дысфæлдæхтæй архайдта йæ дæлбар адæмимæ, æхсæв-бонæй нæ иртасгæйæ æмæ Уæлахизы бон æввахсдæр кодтой паддзахадон æвæрд хæстæ уæлдайджынтæй æххæст кæнгæйæ (хæсты быдырмæ æрвыстой дзидза, сойаг, цыхт). Бонæй куыстой хæдзарады, æхсæвыгæтты та хæстонтæн къуымбилæй быдтой цъындатæ, æрмкъухтæ, цъындахудтæ, уафтой нымæттæ. 1942 азы немыцæгтæ Ирыстонмæ куы ’рбабырстой, уæд Гæбила, кæд æм бронь уыд, уæддæр йе ’мцæдисонтимæ сæ къухтæм райстой хæцæнгарз æмæ хъазуатонæй тох кодтой куынæггæнæг батальоны (истребительный батальон) къордтимæ. Знæгтæн сæ нысан уыд хæхты сæрты ахизын Фæскавказмæ Бакуйы нефты бацахсынмæ, фæлæ Дзæуджыхъæуы, Суаргомы хæстыты дæрæнгонд æрцыдысты æмæ сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты. Ацы хæстыты йæ хъæбатыр архайды фæдыл Гæбила хорзæхджын æрцыд майданæй «За оборону Кавказа» (Б № 007392). Гæбила йæ фæлтæримæ цы стыр лæгдзинад, фæразондзинад æмæ æхсар равдыстой хæсты фæсчъылдымы хъазуатон архайды, уый тыххæй дæр хорзæхгонд æрцыд 23
майданæй «За доблестный труд в ВОВ» (Ж № 01286470. Уæлдæр хицауады уынаффæмæ гæсгæ ма сæ хъазуатон фæллойæн аргъ скодтой Сырх тырысайæ дæр, кæцы æфснайдæй æрхæццæ Бæбуйы бинонты фæрцы. Джыккайты Шамил-иу арæх афтæ дзураг уыд: «Дзомагъы, бæрæгбоны рæстæг-иу Дзугатæн къуыппæй фыццаг сæ тырыса разынд, уый фæстæ та сæ мыггаджы минæвæрттæ». Уый ууыл дзурæг у, æмæ æцæг хабар кæй уыд. Фæсхæсты рæстæг хæхбæсты цард бонæй бонмæ уæззаудæр кодта. Бирæтæ лыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ хуыздæр царды уавæрты фæдыл. Фыццаг лигъдонты къордимæ Гæбила йæ кæстæр æфсымæр Федыримæ цæрæн бынатæн равзæрстой Хохы Карцайы хъæу. Фæстæдæр, 1948- 1949 азты ма Дзомагъы чи баззад Плитæ, Джыккайтæ, Дзугаты мыггæгтæй, уыцы цалдæр хæдзаримæ Гæбила дæр ралыгъд Хохы Карцамæ æмæ æрцард хъæуы астæу йæ бинонтимæ. Гæбила æнæзæрдæхудт адæймаг кæй уыд, уымæ гæсгæ йын аргъ кодтой æмæ та йæ йе ’мбæстæгтæ ам дæр равзæрстой колхозы сæрдарæй. Нæ рагфыдæлтæ нын хæзнатау æнусты сæрты цы рæсугъд æгъдæуттæ æмæ 24
традицитæ бахъахъхъæдтой, уыдон Гæбила йæ бинонтæ. æмæ хъæубæсты ’хсæн хаста карзæй, фарн æмæ æгъдауимæ. Йæхæдæг куыд æгъдауджын лæг уыд, афтæ домдта æрмæст йæ бинонтæй нæ, фæлæ йæ алыварс чи цард уыдонæй, уæлдайдæр та - кæстæртæй. Йæ цардæмбал Джыккайты Белаимæ хъомыл кодтой фæзминаг кæстæртæ. Бæргæ бирæ рæсугъд фæндтæ æмæ нысантæ сæм уыд сæ фидæны рæсугъд амондджын цардæн... Цот рахъомыл сты. Асиат йæ чызджы кары бацыд æмæ 1952 азы йæ амонды фæндагыл куы æрлæууыд, ныййарæг мад сыхбæсты сылгоймæгтимæ чындзæхсæвы хабæрттæм сæхи куыд цæттæ кодтой, афтæ Гæбилайыл æлгъитæджы æлгъыст сæмбæлд: йæ уарзон цардæмбал Белайæн дыууæ изæры астæу йæ зæрдæйы куыст банцад. Нал федта ныййарæг мад йæ хъæбулты фидæн, нал бацин кодта йæ ног хæстæджытыл, нал айхъуыст фæндыры цагъд Гæбилайы 25
фæрнджын кæрты, фæлæ дзы, хъыгагæн, райхъуыст сидзæрты цъæхахст хъæуы хъарæггæнæг устыты кæуынмæ. Асиаты чындзæхсæвы хæлц ныййарæджы мардæн бахъуыд. Сæркъулæй æрлæууыд Гæбила мæрддзыгойы кæрон, хъысмæты уæззау уаргъ æй æргуыбыр кодта, йæ хъайтар уæнгтæ æрхаудтой... Бæстæ баталынг хъайтар Гæбилайыл. Зианджыны кæртæй адæм куы апырхытæ сты, йæ сидзæрты, æргъæвст цъиутау, алы къуымты æрхæндæгæй куы федта, уæд сау маройы бацыд йæ хъæбулты мæтæй, йæхи сидзæры бонтæ йæ зæрдыл æрлæууыдысты. Фæлæ уымæн уыдис нæрæмон ныййарæг-Дзапарон, нæлгоймаджы æмдых чи лæууыд, æппæт комбæстæ Нанайы номæй кæмæ дзырдтой, йæ куырыхон зондæй адæмы хайджын чи кодта, цудын чи нæ бауагъта Дзугаты мыггаджы æмæ бинонты фарн. Дыууиссæдз боны онг Гæбила æмæ йæ сидзæрты фарсмæ цырагъау фæлæууыдысты æмæ сын лæггад фæкодтой Калоты-Джыккайты Верычкæ, Белайы хо Плиты- Джыккайты Уардо æмæ Тотиты-Хетæгкаты Ксеня (Асиаты æфсин). Дзæнæты сæ бынат. Дыууиссæдзæм боны фæстæ Гæбила йæ хъæбулы амонд нæ бакъуылымпы кодта æмæ йæ æрхæндæгæй афæндараст кодта Хетæгкаты Хазбийы фæрнджын хæдзармæ (йе ’фсин Тотион ахæм уæздан сылгоймаг разынд æмæ йæ ног чындзæн ма йæ кæстæр хо Зæирæйы дæр чындзæхсæвы фæстæ ракодта сæхимæ æмæ йæ хъæбулы рæвдыд фæкодта, цалынмæ Къостайыхъæуы астæуккаг скъола каст фæци, уæдмæ). Хохаг уæззау æвадат царды Гæбила йæ куырыхон зонды фæрцы йæ сидзæртæн сæ ахуырæн цæлхдуртæ æвæрын нæ бауагъта. Карцайы цыппарон скъолайы фæстæ сæ Къостайыхъæумæ ахуыдта æмæ сæ йæ хæстæг хиуæттæй 26
Дзапарты Макъар, Калоты Куыцыкк æмæ Хетæгкаты, Хазбийы бинонтыл бафæдзæхста, цæмæй сæ ахуырæй ма фæкъуылымпы уой. Йæхæдæг та Карцайы цæрд йæ хистæр лæппу Барисимæ (уый уæдмæ каст фæци Ручъы астæуккаг скъола). Калоты Куыцыкк æмæ Джыккайты Верычкæ Гæбила Белайæн афæдзы хист скодта. Иæ зæрдыл æдзухдæр лæууыд фыдæлты æмбисонд: «Фыдæй сидзæр - æрдæг сидзæр. Мадæй сидзæр - æцæг сидзæр». Æмæ архайдта йæ хъæбулты арæхдæр бæрæг кæнын Къостайыхъæуы, кæд æнцон цæуæн нæ уыдысты фæндæгтæ хохæй-быдырмæ, уæддæр. Рæвдыдта сæ, рæвдыд уыдысты сæ фысымтæй дæр, фæлæ ныййарæг ныййарæг у, æмæ сæм уæддæр æдзух æхсайдта йæ зæрдæ. Цард цард у, нæлгоймаг хæдзары уазæг кæй у, сылгоймаг та - бинонты фарн хъахъхъæнæг, уый хынцгæйæ, стæй хиуæттæ æмæ хъæубæсты цæрджыты фæндонмæ гæсгæ зондджын æмæ куырыхон Гæбила йе ’рдхорд æмæ æмсиахс 27
Наниты Виссарионимæ бауынаффæ кодтой æмæ йæ сидзæртæн дыккаг мадæн æрбахуыдта Гугкаты Фединкæйы. Сæ иумæйаг царды сын равзæрд чызг Зæлинæ æмæ лæппу Знауыр. Хистæр цот кæстæр хо æмæ æфсымæры рæвдыдтой, цин сыл кодтой æмæ сæ буцæй дардтой. Гæбила æмæ Фединкæ Карцайы колхозы хæдзарад районы нымад уыд раззагдæрыл: кодтой зæххы, хъæды, мыды куыстытæ, уыдис сæм хъомты фермæ, дардтой фос... Кæд колхозы зæххытæ уыдысты хъæуæй дардгомау - Æрхонкæйы - хъазахъхъæгты станицæйы (Карца хаудта фыццаг Джызæлмæ, стæй та Орджоникидзейы районмæ), уæддæр карцайæгтæ сæ сæрдаримæ къуыригæйттæй æхсæвæддæйæ разæнгардæй куыстой, йæ ныхасæн ын кодтой стыр аргъ. Гæбилайæн йе ’фсарм, йæ фарн тыхджын кæй уыдысты, уый фæдыл фехъуыстон ахæм ныхас дæр: «Гæбила-иу уынгты куы цыд, уæд-иу цыма хъæуы куыйтæ дæр сæ рæйынæй банцадысты, афтæ каст адæммæ». Гæбила схаста хорз цот. Фыццаджыдæр сæ сахуыр кодта, нæ фыдæлтæй нын цы хорз æгьдæуттæ æмæ 28
традицитæ баззад, уыдоныл; дыккаджы - алчидæр сæ райста ахуырад, рацыдысты адæмы рæгъмæ, куыстой æмæ кусынц Ирыстоны рæзтæн йæ алы къабæзты, сты æгъдаухæссæг, сæ фыдæн - йæ кады аккаг кæстæртæ. Барис (Бæбу) дæсныйад райста Назраны ветеринарон техникумы. Кад æмæ радимæ фæцард йæ бинонтимæ Хохы Карцайы йæ амæлæты бонмæ (1977). Куыста Алагиры ДРСУ-йы Карцагомы фæндæгтæм зилæгæй. Йæ бинойнаг Хестанты Ленæимæ сын рацыд цот: Ритæ, Олег æмæ Руслан. Ленæ куыста Карцайы райдиан кълæсты ахуыргæнæгæй. Къорд азы уыд хъæусоветы сæрдар æмæ бирæ хæрзты бацыд хъæубæсты цæрджытæн сæ социалон уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн. Æхсар райста уæлдæр ахуырад Мæскуыйы Плехановы номыл политехникон институты фæсаууонмæ ахуыры Дзæуджыхъæуы филиалы. Куыста «Ресторанты æмæ хæрæндæтты иугонды» хистæр хæринаггæнæгæй, директоры хæдивæгæй, фæстæдæр - завод «Электроцинчы» кадджын кусæгæй. Йæ бинойнаг Саламаты Аллæимæ сын ис цот: Индирæ, Хъазыбег, Фатимæ. Аллæ фæкуыста сæйраг бухгалтерæй «Ресторанты æмæ хæрæндæтты Тресты». Финансовый техникумы сахуыры фæстæ Мурат каст фæци ЦИПУ-йы экономикон факультет. Дыууадæс азæй фылдæр бакуыста Министырты Советы хистæр консультантæй, 1980 азæй фæстæмæ дыууын иу азы дæргъы та уыд Цæгат Ирыстоны страховой компани «Ирыстон»-ы генералон директор. Абон кусы раззагдæр экономистæй Паддзахадон статистикæйы Федералон службæйы. Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы у активон архайæг. Йæ хорз куьтсты тыххæй хорзæхджын æрцыд бирæ «Кады писмотæ» æмæ Паддзахадон 29
хæрзиуджытæй. Цæгат Ирыстоны кадцжын майдан «Во Славу Осетии» та йын снысан кодтой (2013) йæ 70-азы юбилейы бонмæ. Йæ цардæмбал Мурасты Риммæимæ схъомыл кодтой æртæ лæппуйы: Марат, Аслан æмæ Аланы. Риммæ куыста 26-æм скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. 1980 азæй та кусы Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы бæстæзонæн хайады сæргълæууæгæй. У Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, УФ-йы Журналистты цæдисы уæнг, Æмбалты Цоцкойы литературон премийы лауреат. Цæгат Ирыстоны сæргьлæууæг Мамсыраты Таймураз æмæ Дзугаты Мурат майдан «Во Славу Осетии»-йæ схорзæхджыны рæстæг Гæбилайы кæстæр хъæбул Знауыр йæ граждайнаг хæс кадимæ ахицæн кодта Советон Æфсады рæнхъыты. Æнтыстджынæй каст фæци Цæгат Кавказы Арæзтадон 30
техникум æмæ бирæ азты дæргъы фæкуыста ОЗАТЭ-йы домоуправленийы разамонæгæй. Чызджытæ Асиат, Зæирæ æмæ Зæлинæ ссардтой сæ амонд. Кад æмæ радимæ цæрынц сæ хъæбултимæ Хетæгкаты, Датъриты æмæ Томайты фæрнджын мыггæгты ’хсæн. Цы куыстуæтты фæкуыстой, уым сæ алчидæр уыд нымад. Гæбилайæн алы хъæуты æмæ кæмтты уыд бирæ зонгæтæ æмæ æрдхæрдтæ. Уыдонимæ - зындгонд нывгæнæг Тугъанты Махарбег дæр. Сæ хæлардзинадæн æвдисæндар разынд Махарбеджы нывгонд Гæбилайы портрет. 2011 азы Дзæуджыхъæуы Махарбеджы номыл музейы зындгонд нывгæнæджы равдыст куы цыд, уæд дзы хиуæттæ стыр æхсызгонæн æнæнхъæлæджы федтой ацы портрет. ЦИПУ-йы профессор Наниты Виссарион æмæ Гæбила æрмæст æмсиæхстæ нæ уыдысты, фæлæ-ма се ’хсæн уыд стыр лымæндзинад. Кæд дард цардысты кæрæдзийæ, уæддæр-иу арæх фембæлдысты Дзæуджыхъæуы. Мурасты Зинæ - Виссарионы чызг куыд мысы, афтæмæй-иу сыл сæ фембæлдтыты рæстæг хъæрмуд ныхас кæнгæйæ банафон. Гæбила æвирхъау мардæй куы фæмард Къахеты (йæ хо Уæлгъа бакуырм æмæ йæм ласынмæ куы ацыд, уæд æй цавæрдæр абырæг бахъуыды дардта, æхца æнхъæлæй^ æмæ йæ æхсæвыгон чъылдымæй 31
бахста), уæд ын йæ мард ’рласынæн дæр Виссарион æмæ Дзугаты Иван баххуыс кодтой. Виссарион йæхимæ бирæтæ райста марды æгъдæуттæй. Карцайы уæлмæрдты фыццаг дурæй арæзт цырт дæр Виссарион йæхи номæй сæвæрдта йе ’рдхорд Гæбилайæн. Ды, мæ кæсæг, макуы фæкæн зивæг, Карцагомы иу чысыл хъæу ис. Уым ’стыр обауæн, раст йæ сæрмæ, Дидинджыты бастимæ æсхиз. Уым «хуыссы» Сырх партизан, Гæбила, 'Нусмæ царды баззайдзæн йæ кад. Курын дæ, Октябры хъайтарæн, Ды йæ цуры иу сахат фæбад. Дзугаты Хаджумар Гæбила уыд нымад лæг æмæ фæзминаг хистæр. Йæ царды фæстаг бонмæ кад æмæ радимæ фæцард Хохы Карцайы. Йæ фæстæ ныууагъта рæсугъд фæд йæ хъуыдцæгтæй, йæ ном, йæ кадæй æмæ йын сæ йæ кæстæртæ фарн æмæ намысимæ дарддæр хæссынц царды бæрзæндтæм. Дзугаты-Мурасты Ргшмæ - Цæгат Ирыстоны кулътурæйы сгуыхт кусæг, УФ-йы Журналистты цæдисы уæнг. 32
Дзугаты Хаджумар СЫРХ ПАРТИЗАНЫ КАДÆГ Ацыуацмысæй арын стыр Октябры Социалистон революцийыл цыппор азы ксей æххæст кæны, уыцы кадджын бæрæгбоны æмæДзугаты Гæбилайы рухс ном. Автор. БАЦÆУÆН Фæбадыс арæх дзаг фынгæн йæ фарсмæ, Куы бавдæлыс дæ зæрдиаг ныхасмæ, Уæд-иу сæ ном нæ сахъ фыдæлтæн зæгъ. Ды рацæуыс дæ бонджын хъæуы уынгты, Ды азилыс бæркадхæссæг быдырты - Æмбар æй, афтæ никуы уыдис зæхх. Улæфынмæ фæфардæг вæййыс Сочмæ, Кæннод та далæ намысджын Хърыммæ: «Сымахæй бузныг, сахъ фыдæлтæ», - зæгъ. Сæ ном, сæ кад сын ды æнусмæ хъахъхъæн, Дæ кæстæртæн стыр хæрзиуæг ракæн Æмæ сын уыдон номы хъуыддаг зæгъ. I Нæ хохбæсты, раст Бурхохы хъæбысы Æхсæз къуымы, хъæуыл, кæм уыд нымад. Ныллæг, фыдконд, фыдæлтыккон ыскъæты Ныййардта уым сырх партизаны мад. 33
Чысылæй сидзæр баззадис йæ фыдæй - Нæ радта сонтæн ахæм амонд цард. Уæддæр йæ диссаг уарзæгой рæвдыдæй, Рæвдыдта уый æппынæдзух йæ мад. Кæрдзындæттон дæр чи уыдис йæ хъæуы, Салам ныхасмæ чи арæхст хуыздæр?.. Цы мæрдты ис - цырагъ ын он æнусмæ - Нæ комбæстæ йæ рымысынц ныр дæр. Лæгау кæрдынмæ арæхстис цæвæгæй Фæрæтæй та ?.. Нæ йын уыдис æмбал. Цæуынмæ - бæх, цы дугъон æй æййæфта, Уæд кусынмæ - хъамбул уæрæхджын гал. ** * Бырыди цард, уæззау æмæ хъуынтъызæй, Кæм царвы цад, кæм - адæмы цæссыг. Бæрзонд хæхтæ æнкъард сагъæстæ кодтой, Æмбæрста хъæу бæрзонд хæхтæн сæ хъыг. Йæ алы хихæй мин цæссыджы хауди, Йæ тъизынæй иу бацарыдта ком. Йæ разы сидзæр царды фыдæй марди Æмæ йын баххуыс ницы уыд йæ бон. *** Фæстæмæ дæ дыууæ къахдзæфы хонын Мæ хорз кæсæг, куы фæхъыг уай, уæддæр. 34
Мæ хъайтары дын бакæнон æз зонын Мыййаг кæд хъуыддаг ацæуид рæвдздæр. Иронау баззад иу æмбисонд ахæм: «Гайлаг, дамэ рæуæдæй у бæрæг»! О, кадджын ут, нæ фыдæлтæ æнусмæ Æмæ æцæг дæр афтæ у, æцæг. Уыдис тыхджындæр йе ’мгæрттæй Гæбила, Æппæтмæ дæр цæрдæг æмæ ныфсхаст. Сæгуытау рæвдз, уыд алы ран фæразон, Æзнагæн иу нæ ныббарста йæ маст. Уый бахъомыл уæлыгæсæй фыййаумæ, Цардьт уæз йæ уæхсчытыл æрбадт. Куы акастис рухс цæстытæй цардмæ, Уый æрмæст уæд банкъардта йæ ад. Даргъ цæвæгæн - мæнæ фидар цæнгтæ, Тых дзæвгар, йæ уисы айст - уæрæх. Фæлæ уымæн аскъуыйæд йæ зæрдæ, Афтæ хъулон чи байуæрста зæхх. Ис зæхджын - фæлтау зæритау зайæд - Уый зæххыл дæу ницы ис хъуыддаг. Уадз йæ дзугтæ уыгæрдæнты дарæд, Фæлæ не сты, гъе, уæддæр йæ фаг. Ис æнæ зæхх - кæн дæхицæн амал, Сæрсæфæнтæй ды æргъомæй хæсс. Ис - дæхи фыртухæн куыстæй амар Мæ сæркъулæй хъæздыджытæм кæс. 35
Хъæд æрзади - ничи йæ ныссагъта, Бафæлвар ма, ралыг дзы кæн суг. Уадидæгæн, хицау ын фæзындзæн Æмæ рæстæй акалдзæн дæ туг. Ахызтис Гæбила ныр йæ ранмæ, Царды уæз йæ уæхсджытыл æрбадт; Акастис йæ рухс цæстытæй цардмæ Æмæ цардæн базыдта йæ ад. Цардæй ныр йæ сау базыртыл айста, Турчы хæстмæ бахаудта салдат. Йе ’фсæдтимæ Хъарсы фидар байста, Карз æзнагæй хъахъхъæдта йæ цард. Диссагæн дæр баззади æрмхæсты, Раст уæйыгау, райдыдта дæрæн. Туркæгты æппæрста уый йæ сæрты, Арцæн дæр куыннæ уыдис сæттæн!.. Топпæй-иу кæй рацавта фæстæрдæм, Уый-иу уыцы минутыл фæмард. Хоркуыристау хаудысты фæйнæрдæм, Чи йæ зоны, цас дзы фæци цагъд... Æмæ стыр тауырæгъты Антейау, Рацыдис уæлахизæй хæстæй. Фæлæ амонд баззадис æддиау Æмæ хæлди, цардæнхъæл мæстæй. 36
Уый фæстæмæ рыздæхтис йæ Ирмæ, Афтæ царды рагон цалх тылдис. Зæххæн йе ’рдæг раздæрау ис иумæ, Иннæмæн ингæнваг дæр кæм ис. Æмæ бонтæ ногдæр бонты ивтой, Базмæлыд Стыр Уæрæсе дард. 'Фхæрд дзыллæ сæ бартæ тохы истой, Æмæ ногæй арæзтой сæ цард. Ленины домбай хъæлæс ныфсхастæй Раст Кавказы хохрæбынтæм хъуыст: «О, фæдис! Хæххон адæм, уæ мастæй Бакæнут нæ бонджынты зынгхуыст! О, фæдис! Æфхæрд адæмтæ, растут! Кæнæ цард, кæд нæ, уæд та - адзал! Тагъд уæ къухмæ царды рохтæ райсут Æмæ ’нусмæ мауал уат цагъар!» Æнусон хæхтæ банкъуыстысты сидтмæ, 'Нусон хъæд дæр базмæлыд быныл. Хъуамæ царды амæлой ныр иутæ, Иннæтæн та - цард ысуа нывыл. Фæлæ уыдон? Мæлын нæ комынц, Сау халæттау, сау марой кæнынц. Уыдон баххуыс фæсарæнтæй домынц, Мах æфхæрд дзыллæтимæ хæцынц. 37
Ирмæ сбырсынц меньшевикты ’фсæдтæ, Хуссар Ирыл бандзæрстой цъæх арт. - Чи нæ цæуа абон ныр нæ фæстæ, Уыдон нæ, нæ фæцæудзысты дард! ’Гас дуне æппæтæй дæр нæ фарс уэ Большевиктæн ныр сæ фæнд фæсыкк. Армыдзаг Ирыстон - махæн цас у, Фестдзæнис æрдæг бонмæ фæнык!» II Хъæу æрныгъуылд сау æхсæвы тары, Арвыл мигътæ донластæй бырынц. Ололи æнкъард хъæлæсæй зары, Уымæн комы хъæлæстæ хъырнынц. Ш-ш-ш - æнæ аскъуыйгæ комæй Хъæумæ хохаг доны хъæр цæуы. Удмæ цыма ’рбадзуры йæ номæй, Хатгай та, фыдох усау, кæуы. Хохаг хъæу, Буриты стыр хæдзæрттæн Æнгом сты йæ тулдз дуæрттæ æхгæд. Ацы ран хæххон хъæздыг хæлæрттæ Стыр тохмæ куы нывæндынц сæ фæнд. Бады уым мæнгард Инал сæ сæргъы, Дзуры уым чъынды Хъайсын - мæрддзæст: - Махæн маргъ куы атæхы нæ сæрты, Гъе, уæддæр ын акъахæм йæ цæст. 38
Уæд хæххон æнæфæнык мæгуыртæ Махыл ныр цæмæ калынц сæ сæт; Мах сын ныр куыд ныууадзæм нæ бынтæ, Уæд, фæлтау мæлæт, кæнæ бынсæфт! Цадæггай æрбахосдæуыд дуар, Адзырдтой йæм: - «Чи дæ, уæдæ чи?». - Бакæнут, ныууазал ис мæ буар, Ма тæрсут, уæхиуонтæ, уæхи! Ох, кæс-ма, Иналы фырт Иласæн Сæры фахсыл нал уыдис йæ хъус. Йемæ ма куы аирвæзт æмбалæн Иу гуырдзиаг, баргъæвст куыд тæрхъус... Ракалдысты хæдзарæй сæ размæ, Цыма фесты растæндæр æрвдзæф. Чи ма ’рæхсы бафæрсын, ныхасмæ% Уым Иласæн бабастой йæ цæф. Стыр тæрхæгыл афæлдæхт йæ фарсыл Æмæ йе уæд райдыдта ныхас: - Сæмбæлдис æнамонддзинад махыл - Аргæвста нæ Уанелгомы ] «арс»: Астæй нæ Тыхъуыйабы2 штабæй Рарвыстой хъуыддæгты тыххæй тагъд. Рацыдыстæм хъазгæ - худгæ Дзауæй3 Топпæргъæвдæй, рацъыккæввонг- кард. 39
Уанелы, стыр кæрдæгджын фæзы, Февзæрди нæ тæккæ раз лæгбал. Цыма ратахт арвы фат мæ рæзты, - О, Хуыцау, мæ уд дын уæд æмбал!.. Хъуыддаг рауад иу-дыууæ минутмæ, Уайтагъд зæхмæ ’ртахтæн æз дæр. Асгæрстон мæхинымæр мæ уæнгтæ: - Кæд мæ гуырыл нал хæцы мæ сæр. Ме ’мбæлттæ, гуырдзыйæгтæ фондзæй - Мард фæци нæ афицер æваст. Иннæты уым хорз фæнадтой ронæй, Акодтой сæ растæн дæр чызгхаст. Уыд сæ хистæр Дзугаты Гæбила, Дардзæн уый нæ фыды фыртæй хæс. Уадз йæ хæдзар галиумæ фæзила, Ахæм дзы кæд никуы федтон æз. Бæх - дымгæ, йæхæдæг - хох æгасæй, Батардта мæ фарсмæ, уый йæ бæх. Дзуры мæм, тызмæг æмæ æдасæй: - Сыст, æмæ уæхимæ рæвдздæр тæх: Кæд Гуырдзыйы меньшевиктæн хохмæ, Дарддæр ма куы амонат фæндаг, Кæд уæ бæхтæ ифтындзыстут тохмæ, Уæд уæ дзыхты нал уыдзæн дæндаг. 40
Ныр дæ фарсмæ, уыцы маргъы арвит, Иууыл афтæ, радзур ын æргом: - О, уæ фæнд, зæгъ, меньшевиктæ афтид, О, Джугъели,4 базон, зæгъ, нæ ном. Мах æфхæрд хæххон мæгуыр дзыллæтæ Нал хæссæм цагъайраджы къæлæт. Ратдзыстæм мæлæты онг нæ сæртæ, Уæд фæлтау, мæлæт æмæ мæлæт. Æмæ фездæхт, уаддымгæйау комы, Цыма кæмттæ астыгъта æваст. Агæпп кодта Цъæриты 5 бын доны Æмæ баиу йе ’мбæлттимæ, раст. Æз æнусмæ фидиссаг æрбадæн, О, хæссын уæм хистæртæ, мæ хъаст. Уæд лæппуйæн ма сбæззон мæ мадæн, Æз рæхджы куынæ сисон мæ маст. III Топпы хъæртæй хохаг хъæутæ ризынц, Сармадзан ныббогъ кæны хъæрæй. Адæм талынг Дзауы кæмтты лидзынц, Лидзынæн сын ам фæндаг дæр нæй. Кæм сæрсæфæн фахсæй коммæ хауынц, Кæм йæ хъалон бацагуры дон. Йе уæддæр, сæ фæндаг размæ дарынц Иу чысыл, кæмæн ма у йæ бон. 41
'Фхæрд устытæ тарст хъæлæстæй дзурынц: -О, Джугъели, фесæфа дæ кой. Кæд нæ зæхх, нæ хъизæмары цардæй Абон мах, цæмæн кæныс сæргой. Сабитæ сæ хъæбыстæй нытътъизынц: «О, гыцци, æри ма мын кæрдзын!» - Кæмттæ уыдон тъизынмæ нырризынц, Дойнаг дуртæн, ахæм хъæр уыд зын. Раст æмбисбон лигъдæтты фыдбонæн, Сау мигъ арвыл абухгæ фæзынд. Æмæ нал уыд къæвдайæн уромæн, Хъæд йæ быны, стонг сырдау, хъæрзыд. Мад ивазы сау фæччи йæ фыртмæ - Гъей джиди, ныр иу дзæбæх нымæт! Арв ныннæры, хойы хохы рындзтæ, Цыма раст æрхæццæ ис хъаймæт. Æмæ байдзаг бæстæ хъæр-цъæхахстæй, Калы арв йæ цыргъ фæттæ, йæ туг. Кæм æруайы лакъон лæсæн фахсæй, Кæм æртулы лидзæг лæджы хъуг. Хистæртæ, уым тарст хъæлæстæй кувынц: «О, Хуыцау, цæуыл сæфæм, цæуыл, Не ’знæгтæ нæ кардæлвастæй сурынц, Æмæ сын æй ма ныббар зæххыл! 42
Мах кæнæм нæ сабиты дæ уазаг, Нæй нæм исты хорздзинад дæ фаг. 0, Хуыцау, стыр дунейы дарæг, Радт нын, цæй, Цæгат Ирмæ фæндаг!» Фæлæ арв йæ бур йехсæй æвзиды, Æмæ зæххыл саумарой кæны. Хохæн уый йæ къулфæхстæ æстигъы, Хъæдæн, уый йæ къабæзтæ сæтты. IV «Цард, дам, нæй фыдбон æмæ фыдлæгæн!» - Баззад ахæм æмбисонд фыдæй. Æмæ сау мигъ - сау хæхты æмбæрзæн, Ныр йæ кæнон бакодта зыдæй. Хур фæзынди мигъты урс æскъуыдтæй, Зæхх ыскалдта алы ран йæ хуыз. Калм æсбырыд хурмæ ныр йæ хуынкъæй, Бацагъта йæ уымæл къуымбил фыс. Дзомагъгом фыдран æмæ фыдбын у, Дон дзы, калмау, абухы къæдзтæй. Уым уæлбæхæй бацæуын фыдзын у, Фистæгæй дзы, раст ацæуæн нæй. Æмæ мæнæ ныр фæскъæвда комы, Иунæг ран дæр нал баззадис хид. Лигъдæттæй ам ничи уæнды доны, 43
Уайы лæгтæн адæргæй сæ хид. Галиуæй - фыдуаг дон дуртæ ласы, Рахизæй - стыр кæрдгæ къæдзæх. Æмæ уадзы лыгъд адæмы тасы, Ай, фæлтау, фæуаиккой дæлдзæх. Ныр фæстейы меньшевикты стонг бал, Хохмæ комы нарджыты бырсы. Сармадзан ныууасы, куыд стонг гал, Æмæ комы, лидзæг лæг тыхсы. «Дзуджы амонд бирæгъы амондæй у фылдæр», - нæ фыдæлтæ зæгъынц. Æмæ уæлæ фаллаг фарс бæрзондæй Лигъдæттæм цавæрдæр адæм тындзынц. Ис сæ разæй бурдзалыг бæрзонд лæг, Сау бæхыл, уый бурхохау, зыны. Уый ам комы хъуыддæгтæ у зонæг Æмæ ’ххуысмæ адæммæ тырны. Доны сæр дыууæ рæхснæг бæласы, Авæрдта дыууæ уысммæ йæ бал. Лæг йæхи уым иннæ фарсмæ байсы Æмæ ратты адæмæн салам: - Ма тыхсут, ’фхæрд ирон дзыллæтæ, Уе ’ фхæрд сьтн нæ ныббыхсдзыстæм мах. Нал хæссæм цагъайраджы къæлæттæ, Фесæфæд æлдар æмæ паддзах! 44
Нæй рæстæг ам дзурынæн, ныхасæн - Бафснайут уæ сабиты, уæ цард. Мах сын ам фыдвæндæгты æмхасæн Хиды бæсты сывæрдзыстæм кард». Æмæ бавдæлд, уыцы лæг хæссынмæ, Адæмы æртыгæйттæй хæссы. Адæм æм уым фесты ныр кæсынмæ, Уый сæм ам, фын фенæгау, кæсы. Æмæ сæ куы фæци хаст кæронмæ, Уæд, уый хидыл ахаста йæ цæст. Иу бæлас дзы барæцыгъта донмæ, Иунæг ма дзы баззадис, æрмæст. Æмæ адæм фенкъуысыд тыгуырæй, Иу зæронд ма арфæ кодта, уæд: - О, дæ гыцци бафсæдæд дæ хурæй, Зæд кæм ис, дæ хуызæн вæййы зæд. Фæлæ нын дæ буц ном дæр нæ загътай, Кæд мыййаг, нæ аскъуыйæм бынтон, Уæд æнусмæ алы бон дæр махæй Никуы ферох уыдзæнис дæ ном». - Райгонд ут, уæ тухиты фæндагæй - О, мæ фыд, Габила хонынц мæн. Кæд фæнды дæу базонын мыггагæй - Дзугаты цыбыр мыггагæй дæн». 45
V Комы, растдæр, назджыны кæроны, У цæттæ уынгæг тохмæ лæгбал. Дамбаца æркъæрцц æввонг ис роны, Кард ис фарсыл - дамбацайы ’мбал. Уым Гæбила иу бæрзонд цъæх назæн Раст йæ тæккæ цъуппгæронæй каст: - Радтæм сын, æмбæллæггаг «нуазæн», Кæннод махæй ракæндзысты хъаст! Гъей, лæппутæ, хъавæнты æрлæуут, Æхст - рæстдзæф, мæ бардзырдмæ кæсут. Афтæ рæвдз уæ бæхтæм дæр цæттæ ут, Æмæ-иу мæ хæдфæстæ тæхут! Лæг цæрдæг æрсæррæтт кодта зæхмæ, Гилдзæхсæныл андзæрста йæхи. Иу ныллæг былкъахыргонд къæдзæхмæ, Уый, стайау, лидзынмæ фæци. Дæлæ комы меньшевикты стыр бал - Дон сын размæ, нал дæтты фæндаг. Уый гуылф-гуылфæй дойнаг дуртæ тулы, Иунæг хъæдыл, чи у ам, уæндаг?.. Дæлæ иу лæг хъæдыл уайы маргъау, Уый мæнгард Иналы фырт - ирон. Фæлæ æфсад, иннæ æфсад - мардау - Иунæг лæгæн ам цы у йæ бон! 46
Кæсæнцæстæй йæм кæсы Гæбила Æмæ дзуры хинымæр мæстæй: - Йехх, кæйдæр дывзагон, сау къæбила, Абон нал фæлидздзынæ мæнæй! Уанелгомы баззадис дæ иу хъус, - Дзомагъгомы баззайдзæн дæ сæр! - Рæвдз, æхсгæ! - Гæбила бардзырд радта, - Æмæ райдыдтой хотыхтæ къæр-къæр. Меньшевиктæ, раст æрратау фесты, Зæххыл сæ «æрхуыссыди» дзæвгар. Чи æрхауы æмæ ногæй фесты, Лидзынæн сын ничердæм ис бар. Ком - уынгæг, нæ зынынц партизантæ - Меньшевиктæн нал кæрдьт сæ зонд. Акалдтой сæ æппæт хæцæнгæрзтæ, Урс хæцъил ысдардтой ныр бæрзонд. Æмæ хъæдæй сау бæхыл Гæбила Меньшевиктæм сабыргай æрхызт. Хинымæры агуырдта Иласы, - Уый тыххæй дзы судзгæ маст æхсыст. Уæртæ, ыстыр дуры хъæбысы, Тарст тæрхъусау, бабырыд Илас. - Афтæ нæ, хъæбатыр уым фæхуыссы, Тагъддæр фос, цæй де ’хсæргард ыслас! 47
Йе ’хсаргард фæцъортт кодта Гæбила, Фæлæ - лидзы донбылтыл Илас. - Ныр æрлæуу, мæнгард куыдзы къæбыла, Демæ æз лæгау кæнын ныхас. Нæ, нæ зæхх, дæ хор æмæ дæ уæлдæф Ахæмтæн бæргæ вæййы æвгъау. Æз тæрхъусы никуы ’хстон чъылдымæй, Раздах мæм, дæ риувæйнæг лæгау!.. Æмæ риуы маст æсфыхти карзæй, Мастæй зæххыл нал лæууыд куыддæр. Басырдта йæ, уым йæ хъандзал кардæй Иу риуыгъдæн атахтис йæ сæр. «Бурты» ’фсады партизантæ комы Араст кодтой уацары æваст; Батардтой сæ фосы дзугау доны, Уадз, хæссæнт Джугъелимæ сæ хъаст. VI Меньшевиктæ сау фыдмитæ кодтой, Хуссар Ир Цæгат Ирмæ фæлыгъд. Лигъдæтты æххормаг сагъæс домдта Судзгæ маст сæ зæрдæты æссыгьд. Алчидæр хæцæнгарз къухмæ райста, Партизанты къордимæ æсиу. Æмæ адæм меньшевикты ’фсæдтæм, Айнæг хохау, сарæзтой сæ риу. 48
Уалдзæг. Бæстыл хуры зæй фæзынди, Ныр мæгуырæн нæу мæлынæй тас; Хур йæ дæрдтаг хæтæнты æрзылди, Арф лæгæтæй рабырыди арс. Сырх æфсад, тыгъды зæйау Уырысæй, Урс Кавказмæ феххуысмæ фæзынд. Партизантæ Сырх æфсады ’ххуысæй Хæхтыл ныр Гуырдзыстонмæ ныххызт. Æмæ саухъус меньшевикты хъæутæй Сæрсæфæны смидæг кодта уæд. Худгæ хур ныххудти уалæ хæхтæй, Ныр йæ фырты барæвдыдта мад. Ир ныррухс. Октябры цæхæртæй Ралæууыд æрдхæрæны рæстæг. Æмæ ныр сырх партизантæ хæстæй Сабыр цардмæ раздæхынц нæуæг. Кæс, хæссы сырх тырыса Гæбила, Цины зардмæ барæуæг йæ бæх. Абон бæстæ ног йæ мадæй райгуырд, Æмæ байгом кусæг лæгæн зæхх. Ныр нæ цардыл чи ’рхаста сæ сæртæ, Гъе, кæд нæ уæд, чи фæци сахъат. Мах нæ ферох кæндзыстæм уæ нæмттæ, Мах бæрзондмæ сисдзыстæм уæ кад. 49
Ды, мæ кæсæг, макуы фæкæн зивæг, Карцагомы иу чысыл хъæу ис. Уым ыстыр обауæн, раст йæ сæрмæ Дидинджыты бастимæ æсхиз. Уым «хуыссы» Сырх партизан, Гæбила, ’Нусмæ царды баззайдзæн йæ кад. Курын дæ, Октябры хъайтарæн, Ды йæ цуры иу сахат фæбад. 7. Уанелгом - Хуссар Ирыстоны Дзауы районы хохы кæмттæй иу. 2. Тыхьуыйаб - хьæуы ном Сталинирмæ æввахс, уымуыдис менъшевикты штаб. 3. Дзау-Хуссар Ирыстоны районтæй иу} æвæджыйау штабы бынат. 4. Джугьели - меньшевикты сæйрагдæр командæгæнджытæй иу. 5. Цьæрит - Хуссар Ирыстоны, Дзауы районы хьæутæй иу 50
ГÆБИЛАЙЫ ТЫХХÆЙ ЧИНГУЫТЫ ÆМÆ ПЕРИОДИКОН МЫХУЫРЫ ДЗУГАЕВ ГАБИЛ ДАХЦИКОЕВИЧ Красный партизан. Родился в 1888 г. в с. Дзомаг Джавского района. В 1913 г. переехал в г. Грозный, где работал на нефтеперерабатывающем предприятии. В 1915 г. был призван в царскую армию и отправлен на турецкий фронт. В 1917 г. по возвращении на родину вступает в партизанский отряд и участвует в Цхинвальском восстании. Затем эмигрировал на Северный Кавказ. В феврале 1921 г., командуя взводом, перешел через Рукский перевал, участвовал в разгроме меньшевистских войск в Джаве и Цхинвали. После установления Советской власти был организатором и председателем Рукского колхоза. В годы Великой Отечественной войны 1941 - 1945 гг. служил в истребительном батальоне по охране Рукского перевала. Был награжден орденом «Знак почета» и медалями. Умер в 1956 г. Книга: «Борцы революционного движения в Юго-Осетии». Сталинир: Ирыстон.-]987.-С. 192-193. 51
ДЗУГАЕВ ГАБИЛ ДОХЦИКОЕВИЧ (1888-1956 гг.) Дзугаев Г. Д. родился в высокогорном селе Дзомаг Горийского уезда (ныне, Джавский район) в семье бедного крестьянина. Нужда заставила его заняться отходничеством. В 1913 году он переехал в г. Грозным, где работал на нефтеперерабатывающем предприятии. В 1915 году его призвали в царскую армию и отправили на Турецкий Фронт. В 1917 году по воз- вращении из армии он вступает в партизанский отряд, участвовавший в Цхинвальском восстании. Дзугаев принял активное участие в борьбе против меньшевиков. После установления Советской власти односельчане Дзугаева Г. • Д. под его руководством восстановили сожженное и разрушенное село Дзомаг, построили жилые дома, животноводческие помещения. 52
В 1931 году в с. Рук был организован колхоз, пред- седателем которого был избран Дзугаев Г. Д. Под его руководством население с. Рук приняло активное участие в строительстве дороги Рук - Джава. В годы войны Дзугаев Г. Д. находился в истребитель-ном батальоне. За активное участие в борьбе против меньшевиков Дзугаев был награжден орденом «Знак почета», а в годы Великой Отечественной войны бьтл удостоен многих медалей. Книга: Хабалашвили, И.В. Ветераны колхозного строя в Юго-Осетии, Цхинвал: Ирыстон.-!971 .-С. 134-135. 53
Дзаттиаты Уакка: Сæрибарыл тохгæнджытæ //Рæстдзинад.- 1998.-21янв. 54
55
56
57
58
59

61
62
Бурсамдзели Бурсамдзелийы хохæн йæ фыццагон ном уыдис Хурбадæны хох. Афтæ йæ хуыдтой, хурон бардуаджы кувæндон кæйу, уый тыххæй. Ухохы цъупп Кавказы (3670 м.), Хуссар Ирыстоны, Дзауы районы, Раройы рагъ. Бурхох 63
Дзугаты мыггаджы равзæрд Ос-Бæгъатыр Уæлладжыры ком йæ фырттыл куы уæрста, уæд Сидæмонимæ йæ фырты фырт Цъæхилæн кæстæрæггагæн бахай кодта Урсдоны комы Хуссар- Хурыскæсæн фарс. Цъæхил йæ æртæ фыртимæ æрбынат кодта Урсдоны комы. Фæстæдæр ахицæнтæ сты æмæ æрцардысты хицæнтæй. Зындгонд ахуыргонд Е.Г. Пчелинæ, Уæлладжыры комы тыххæй цы хъæздыг æрмæг æрæмбырд кодта, уымæ амонгæйæ Гаглойты З.Г. фыссы, зæгъгæ, дам, «Урсдоны комы кадджын дзуар «Мигъдау» уыдис Цъæхилы къабазы кувæндон». Йæ сæйрагдæр куывддонтыл нымад уыдысты Дзугатæ. Дзуары бын комы цæрджытæй алы мыггагæн дæр уыдис хицæнæй куывды бадæн бынат. Дзугатæ бадтысты дзуары кувæндон агъуысты. Иннæтæй уырдæм цæуыны бар уыдис æрмæст мыггæгты хистæртæн кувинæгтæ скувынмæ. Дзуары бын сæйрагдæр Дзуары лæгыл нымад уыдис Дзугаты мыггаджы хистæр. Дзугатæ Урсдонæй куы ралыгъдысты, уæд «Мигъдауы» сæйраг кувæг æмæ Дзуары лæг сысты Æмбалтæ - Дзугаты иуартон æрвадæлтæ. Сидæмоны къабазæй равзæрдысты ног хъæутæ æмæ ног мыггæгтæ Уæлладжыры комы, Туалты æмæ Хуссар Ирыстоны. Цъæхилы астæуккаг фырты цотæй равзæрдысты Æмбалтæ, Айлартæ, Дзугатæ, Дзыгастæ, Челæхсатæ, Гæццатæ, Санатæ, Тъорозтæ æмæ Цитджатæ. 64
Урсдоны æрцардысты: Дзугатæ, Дзыгастæ, Айлартæ, Æмбалтæ, Челæхсатæ, Тыджытæ, Гæздæнтæ, Костæ, Цъæхилтæ, Карсанатæ, Таутиатæ. Сидæмоны къабазæн Урсдоны комы фондз хъæуæн сæ зынгæдæр сæрвæттæ æмæ хосгæрстытæ уыдысты: Уæлгъæу, Куройысæр, Фырадаг, Уæлгъæуысæр. Хуымзæххæн сын уыдысты: Дагомы хъугом, Дæлвæндаг, Арв, Хуссæрттæ æмæ Сæлварс. Урсдоны дон, Донысæры дон, Багомы дон, Баутьт дон, Тъороты дон, Фæсмусты дон æмæ Цыхцыры суадон уыдысты сæ куырæйттæ зилынгæнджытæ. (Чиныг: Хозиты Ф. «Уæяладжыры комыя - Туаятæм». - 1990.-Ф.21-23). *** Дзугаты мыггаг равзæрд Уæлладжыры комы Урсдоны. Æрвадиуæг кæнæм Айлартæ, Дзыгастæ, Гæздæнтæ æмæ Челæхсатимæ. Дзугайæн уыдис æртæ фырты: Абел, Болат æмæ Тæтæрхъан. Зындгонд ахуыргæндтæ Калоты Барис æмæ Пчелинæ Еленæ куыд сбæрæг кодтой (алчидæр хицæнæй), афтæмæй Дзугаты мыггаг у Урсдоны хъæуы бындурæврджытæй иу. Хъæуы уыдис фидар. Фидары алыварс - фондз хæстон мæсыджы. Мыггаджы кувæндон у Мигъдауы дзуар. Йæ бæрæгбон вæййы октябры мæйы фыццаг хуыцаубоны. Алы аз дæр æй сбæрæг кæнæм нæ хæрæфырттæ æмæ нæ сиахстимæ. Мыггаджы фæсивæд хорз базылдысты дзуары 65
кувæндонмæ æмæ йæ алыварс цы рæсугъд æрдузтæ ис, уыдонмæ. Дзуга йæ фырттæн куыд фæдзæхста, уымæ гæсгæ мыггаг лидзын байдыдта, зæхх сын хуыздæр æмæ парахатдæр кæм уыдис, уырдæм. Ныртæккæ Дзугаты мыггаг цæры: Хохы Карцайы, Дзæуджыхъæуы, Алагиры, Æрыдоны, Беслæны, Мæздæджы, Елхоты, Октябрыхъæуы, Къостайхъæуы, Ставд-Дурты, Комсомольскы, Кировыхъæуы, Камбилеевкæйы, Тбилисы, Мæскуыйы, Кæсæг-Балхъары, Хуссар Ирыстоны, Хъæрæсейы... Дзугатæй ис Цæцæны дæр. Цæцæйнаг Дзугатæ æмæ мах абон дæр нæ зонæм, не ’хсæн иумæйагæй цы ис, уый. Хъыгагæн, йæ рæстæджы зæрæдтæ уымæй фарст не ’рцыдысты. Куырттаты комы Дзугатæ фыццаг æрцардысты Карцагомы, стæй - Чысайыхъæуы. Сыхаг хъæу Барзы цардысты Хестантæ æмæ Мысойтæ. Уæллаг Карцайы: Есиатæ, Хъуыбадтæ, Датитæ, Хъаратæ, Тезиатæ, Хуытъинатæ. Дзугатæ хæларæй цардысты сæ алыварс цæрæг адæмимæ. Есиаты Аслæмырзæ, паддзахы дæлбулкъон, æфсадæй куы ссыд, уæд комы цæрджыты сахуыр кодта дыргъ æмæ мыдыбындзыты куыст кæныныл. Хохы Карцамæ Хуссар Ирыстонæй æрбалыгьдис нæ мыггагæй иукъорд хæдзары. Хъæу дзæвгар фестырдæр. Йæ кадджын хистæртæй иу уыдис Дзугаты Гагуыдз. Уый дардта хæрзмыггаг хъомвос æмæ фысвос, стæй дæсны уыд мыдыбындзыты куыстмæ. Гагуыдзмæ уыдис рагон бæгæныйы къус æмæ æвзистæй аивгонд стыр цæуы сыкъатæ. ХХ-æм æнусы 60-æм азты сæ Беслехъоты Георги рахаста республикон æрдзон музеймæ. Бирæ ирон æгъдау æмæ ирон царды хорздзинæдтæй уыдысты 66
хайджын Гагуыдз йæ цардæмбал Хъарианимæ Хуыцау сын цот нæ радта, фæлæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг лидзæг уырыссаг бинонтæй райстой лæппу - Коляйы. Коля бахъомыл, кад æмæ радимæ фæцардысты мыггаджы ’хсæн йæ цардæмбал Къадзиан Фузæ æмæ сæ цыппар чызгимæ. Гагуыдзы сыхы ма Дзугатæй цардысты Федыр, Хадзыбечыр, Агуыбе æмæ Дженалдыхъо. Алкæмæн дæр дзы уыдис фондз сывæллонæй фылдæр. Хадзыбечыр æмæ Цехъонæн уыдис æхсæз лæппуйы æмæ цыппар чызджы: дыууæ чызгфаззоны æмæ лæппутæй дæр - æртæ фаззоны: Зауырбег, Умарбег, Махарбег. Дзугаты мыггаг Урсдонæй куы лыгъдысты, уæд Абел æрцард Хуссар Иры Дзомагъы. Абел æмæ йе ’мкъай Абианæн уыд иу лæппу Гоби. Гоби æмæ Джыккианæн та - авд лæппуйы æмæ дыууæ чызджы. Гобийы кæстæртæй иу уыд Заза. Зазайы байзæттаг - Иосиф Сталин. Афтæ кæй уыд, уымæн æвдисæндар: абон дæр-ма Дзомагъы бæрæг кæй у Зазайы хуым. Бирæ ныхмæвæрд ныхæстæ цæуы Сталины тыххæй: чи у, кæмæй у, зæгъгæ. Мах, Дзугаты мыггаг, дзырдтам æмæ дзурæм, зыдтам æмæ зонæм, дзурдзыстæм æмæ амондзыстæм нæ кæстæртæн, Сталин кæй уыдис æмæ кæй у Абелы байзæттаг. Дзугаты Хасæхъо (фæцардис 113 азы) уыд хистæр Сталинæй æмæ мæлгæ дæр акодта фæстæдæр. Йæ ракуывд-иу уыдис: «Мæскуыйы нын цы лæппу ис, уый цæрæнбон бирæ». Куы амард, уæд та йын кодта рухс. Мыггаджы минæвæртты ’хсæн уыдис, паддзахы æфсады рæнхъыты Уæрæсейы знæгты ныхмæ чи хæцыдис, ахæм лæгтæ. Уыдонæй иу уыдис Дохцыхъойы фырт Гаврил (Гæбила). Ахуыр кодта Нары скъолайы, цард йæ 67
мадырвадæлтæ Дзапартæм. Æрыгонæй афтыд Грознамæ æмæ уым куыста нефты куыстуæтты. 1915-æм азты йæм фæсидтысты паддзахы æфсадмæ æмæ æрвыст æрцыд Турчы фронтмæ. 1917-æм азы æфсадæй куы æрбаздæхт, уæд бацыд партизанты къордмæ, удуæлдай тох кодта гуырдзиаг меньшевикты ныхмæ. Гæбила Турчы хæсты йе ’мсиахс Плиты Бетъреимæ уыд пулемётæй æхсæг. Чъехы нарæджы бирæ ныццагътой меньшевикты лæгмартæй æмæ фадат радтой мæгуыр адæмæн Цæгат Ирыстонмæ лидзынæн. Советон хицауад куы сфидар Хуссар Ирыстоны, уæд 1930 азы Дзомагъы арæзт æрцыд колхоз, сæрдарæй йын равзæрстой Дзугаты Гæбилайы. Колхоз нымад уыд облæсты раззагдæр хæдзарæдтæй иуыл. Гæбилайы тыххæй фыссæг Дзугаты Хаджумар 1957 азы ныффыста «Сырх партизаны кадæг», кæцы фæвæййы ахæм ныхæстæй: Уым «хуыссы» Сырх партизан, Гæбила, 'Нусмæ царды баззайдзæн йæ кад. Курын дæ, Октябры хъайтарæн, Ды йæ цуры иу сахат фæбад. Дзомагъы цæрджытæй алы бинонтæн дæр уыдис бирæ сывæллæттæ. Мыггаг цард хицæн хъæуæй, уарзонæй. Зарынмæ уыдысты тынг дæсны. Зындгонд музыкалон архайæг Галаты Барис 1944 азы сæрмагондæй бацыдис Дзугаты хъæумæ æмæ сын магнитофоны лентыл ныффыста сæ зарджытæ, систа къамтæ æмæ сæ рахуыдта «Дзугаты зарæггæнджыты къорд». Уыцы зарджытæ абон дæр сты Ленинграды Пушкины номыл музейы æвæрæнты. 68
Дзугаты Харитонæн йæ бинойнаг куы амард, уæд фыдимæ баззадысты цыппар æнахъом лæппуйы. Харитон бинойнаг нал æркодта. Лæппуты хистæр Хъæрæсе йæхимæ райста бæрнон хæс: æфсымæрты хъомыл кæнын æмæ сын ахуырмæ фæндаг скæнын. Къола каст фæци Ростовы рабфак æмæ бирæ рæстæг фæкуыста бæрнон бынæтты. Ладемыр (Валодя) куыста районы КГБ-йы хицауæй, облæсты КГБ-йы бæрнон бынæтты. Иван къорд азы фæкуыста Ленингоры районы Цъинагары хъæуы колхозы сæрдарæй. Бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд йæ къухы. Йæ куыстæн ын паддзахад скодта стыр аргъ: радтой йын Ленины орден, уыд Советон Цæдисы Сæйраг Советы депутат. Дзугаты Хасæхъо æмæ йæ цардæмбал Плионæн уыдис авд кæстæры. Æппæт ирон адæм дæр хорз зонынц номдзыд фыссæг, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архæйæг, Советон Цæдисы Фысджыты цæдисы уæнг, Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат Дзугаты Георгийы. Йæ поэтикон æмæ прозаикон уацмыстæ, романтæ, тæлмацтæй аккаг фæхъæздыг кодта ирон дзырдаивады къæбиц æмæ сты уарзон ирон адæмæн. Йе 1 ’мдзæвгæтыл арæзт зарджытæ сты аив æмæ рæвдауынц адæмты зæрдæтæ. Хаджумарæн рацыд цалдæр поэтикон æмбырдгонды æмæ поэзиуарзджыты зæрдæтæм фæндаг ссардтой йæ аив рæнхъытæ. Зауыр бирæ азты дæргъы кусы Мæскуыйы университеты, у профессор, экономикон наукæты кандидат. 69
Бирæ фæзминаг кæстæртæ рацыд Хъæрæсе, Иликъо, Гæбила, Исмел, Федыр æмæ Борсæйæн. Дзугаты мыггаг у, Æрыдоны фыццаг чи æрцард, уыдонæй. Тлатты Дрис, Гæбулты Хъазмæхæмæт æмæ Бесолты Тæтæрхъан куыд дзырдтой , афтæмæй Æрыдоны фыццаг цы ирон лæппу райгуырд, уый уыд Дзугаты Къолайы фырт Гæбыл. Фæцард 125 азы. Амард 1905 азы. Дзугаты Æмзоры фырт Барис дæр райгуырд Æрыдоны. Æмзор уыд паддзахы æфсады афицер. Барис хъæбатырæй хæцыд Японы хæсты, уыд Сыбираг полчъы командир. Ахуыр райста Тифлисы юнкерты училищейы. Уырыссаг-япойнаг хæсты, Фыццаг дунеон хæсты хъæбатырæй хæцыд Дзугаты Хадзымуссæ. Ууыл дзурæг сты йæ хæрзиуджытæ: Сыгъдæг Аннæйы дыууæ ордены цирхъ æмæ бантимæ. Сыгъдæг Станиславы дыууæ ордены, Сыгъдæг Георгийы дыууæ дзуары æмæ Кавалеры нысантæ кæуыл и, Румынийы уыцы Стъалыты орден. Бирæ хæрзиуджытæ уыд Дзугаты Никъала, Барис æмæ Георгимæ дæр. Зындгонд нефты куыстгæнæг Дзугаты Бибойы фырт Дзамболат (Тимофей) уыд æрыдойнаг. Нефты куыстгæнæнтæм стыр бавæрæн бахаста Дард Скæсæны, Майкъопы, Бакуйы æмæ Львовы. Йæ хорз куысты тыххæй йын лæвæрд æрцыд Сырх Тырысайы орден. Ацы хæрзиуæг исгæйæ Мæскуыйы фембæлд И.В. Сталин æмæ А.И. Микоянимæ. Йæ хорз куысты фæдыл ма йын машинæ дæр балæвар кодтой. Ирыстоны зындгонд сты Дзугаты Загкайы фырт Дзибудта - колхозы сæрдар, Советон Цæдисы Сæйраг Советы депутат æмæ Габайы фырт Барис дæр. Барис бирæ азты фæкуыста республикон газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Социалистическая Осетия»-йы редакторты хæдивæгæй. 70
фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг хорзæхджын æрцыд Сырх стъалыйы дыууæ орденæй, Сырх Тырысайы æмæ Фыдыбæстæйы хæсты 1-аг къæпхæны ордентæй æмæ бирæ майдантæй. Салыгæрдæны (Алагиры) фыццаг чи æрцард, уыдонимæ уыдысты Дзугатæ дæр. Алагиры Дзугаты хистæртæ уыдысты фæзминаг. Се ’хсæн уыд дохтыртæ, ахуыргæнджытæ, инженертæ, хуымæтæг, фæлæ куырыхон лæгтæ. Ирыстоны хистæр фæлтæр бæлвырдæй хъуыды кæнынц зындгонд дохтыр Дзугаты Къолайы ном. Фæзминаг кæстæртæ рацыд Хасæхъойæн: Владимир æмæ Æхсар. Дыууæ æфсымæрæй дæр уыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты активон архайджытæ. Хæсты фæстæ Валодя бирæ азты фæкуыста фыццаг районы, стæй та республикæйы Паддзахадон банчы хицауæй. Æхсар хæстæй кæд уæззау цæфтимæ ссыд, уæддæр йæ мæлæты бонмæ фæкуыста Курортторджы бæрнон бынæтты. Кадджын æмæ уарзон у абон нæ мыггаджы куырыхон хистæр, зындгонд ахуыргæнæг Дзугаты Федыры фырт Гаврил. Бирæ азты дæргъы фæкуыста Астæуккаг Азийы, Магаданы, Норильскы, фылдæр та - йæ райгуырæн Алагиры. Нæ республикæйы раздæры президент Дзасохты Алыксандр дæр уыд йæ рауагъдон. Дзугаты мыггаджы уыди, паддзахадон æмæ æхсæнадон бæрнон бынæтты чи куыста, ахæм лæгтæ. Иу рæстæджы Советон Цæдисы Сæйраг Советы депутаттæ уыдысты Цæгат Ирыстоны минæвæрттимæ Елхоты колхозы сæрдар Дзугаты Загкайы фырт Дзибудта æмæ Хуссар Иры Ленингоры районы Цъинагары хъæуы колхозы сæрдар Дзугаты Харитоны фырт Иван. Иван-иу арæх æрымысыд Плиты Иссæимæ фембæлд: «Мæскуыйы, радон Сессийы рæстæг 71
лæууыдыстæм Кремлы залмæ бацæуæны Абхазы, Аджары, Кæсæг-Балхъары æмæ Хъæрæсейы депутаттимæ. Иуафон нæм Иссæ æрбацыд фæстæрдыгæй. Дзибудтаимæ нын нæ уæхсчытыл æрхæцыд æмæ худгæйæ загъта: «Дзугатæ, Советон Цæдисы Сæйраг Совет бынтон уæхи ма бакæнут». 1950-1955 азты Дзугаты Гаврилы фырттæ æмрæстæджы куыстой министртæй: Алыксандыр (Гендыр) - Хъæууон хæдзарады министр. Уыдис Цæгат Ирыстоны Сæйраг Советы 3, 4, 5-æм Æвзæрстыты депутат, Президиумы уæнг. Хорзæхджын æрцыд «Кады Нысан»-ы дыууæ орденæй, «Дынджыр сыгъзæрин майдан» æмæ æндæр хæрзиуджытæй. Валодя дæр 50-æм азты бакуыста Цæгат Ирыстоны Æнæниздзинады министрæй. Дзугаты Гæбилайы фырт Мурат бирæ азты фæкуыста Цæгат Ирыстоны бæрнон бынæтты: дыууадæс азæй фылдæр - Министрты Советы, дыууын иу азы дæргъы та уыд Цæгат Ирыстоны фæдзæхстон компанийы Генералон директор (росгосстрах), «Стыр Ныхасы» уæнг. Ис æм цалдæр Паддзахадон хæрзиуæджы æмæ «Ирыстоны кады майдан». Федыры фырт Гермæн (Герас) каст фæци Мидхъуыддæгты æфсæддон училище. Бирæ азты фæкуыста оргæнты æмæ схызт майоры цинмæ. Кировы районы милицæйы хицау уæвгæйæ, адæмæн йæхи бауарзын кодта æмæ йæ абон дæр-ма хорзæй мысынц районы цæрджытæ. Уый фæстæ бирæ азты фæкуыста ОБХСС-ы. 72
Дзугаты Георгийы фырт Къоста къорд азы уыд Хуссар Ирыстоны Парламенты сæрдар, философон наукæты кандидат, Хуссар Ирыстоны университеты философийы кафедрæйы доцент, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты политологийы докторант. Дзугаты мыггаджы фæсивæд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты дæр сæхи равдыстой хъæбатырæй. Æрмæст Гобийы цотыцотæй знаджы ныхмæ хæцыдысты Габо, Федыр, Хазби, Гоги, Хаджумар, Фили, Алыксандр. Хæсты цæхæрæй нал раирвæзтысты Хазби (Гæбилайы фырт), Габо, Фили, Саламы цыппар фырты. Уыдонæн сæ рухс ном абон нæ рох кæнæм. Æрыдоны уынгтæй иуæн лæвæрд æрцыд Дзугаты æдзард цыппар æфсымæры ном. Районы Администрацийы хъæппæрисæй сын æвæрд æрцыд æнусон цыртдзæвæн. Поэт Айларты Мишæ та сыл ныффыста номарæн æмдзæвгæ. Советон Цæдисы æмæ дунейыл айхъуыст нейрохирург, Советон Цæдисы наукæты Академийы сæры магъзы институты (Институт мозга АН СССР) æппæты æрыгондæр кандидат, профессор æмæ медицинон наукæты доктор Дзугаты Барисы чызг Софяйы ном. Абон дæр йæ методæй («Метод Софьи Дзугаевой») пайда кæнынц ахуыргæндтæ дунейы алы бæстæты. Мыггаджы ныфс уыдис Советон Цæдисы Генералон штабы кусæг - булкъон Борсæйы фырт Харитон. 73
Никъалайы фырт Эльбрус (Æрыдонæй) бирæ азты мидæг кад æмæ радимæ фæкуыста Цæгат Ирыстоны электрон тыхты хицауæй. Мыггаг сæрыстыр сты Æрыдоны районы администрацийы хицау Петры фырт Олегæй; Мæскуыйы электрон æмæ математикæйы техникон университеты экономикæйы теорийы кафедрæйы профессор Хасæхъойы фырт Зауырæй; Цæгат Ирыстоны культурæйы министр, ЦИНИ-ы (СОИГСИ) директор, философон наукæты кандидат Бартуйы фырт Левæйæ; профессор, медицинон наукæты доктор Дзугаты Хъазыбеджы чызг Фатимæйæ; Мæскуыйы Фæдзæхстон компании «Уæрæсе»-йы Генералон директоры хæдивæг Сосланæй; Мидхъуыдцæгты министры хæдивæг булкъон Абысалы фырт Валерийæ. Челябинскы облæсты Карабашы зылды сæрдарæй кад æмæ радимæ фæкуыста Дзибушкайы фырт Муссæ - Уæрæсейы кадджын металлург, «Кады Нысан», «Профессионал России»-йы ордентæй æмæ 15 майданæй хорзæхджын æмæ иннæтæй. Хорз уаид, алы мыггаг дæр куы бакусит йæ фыдæлты равзæрдыл. Уæд, æвæццæгæн, нæ истори иртасджытæн дæр уый тынг фæахъаз уаид. Дзугаты Мурат. Чиныг «Куырттаты ком æмæ куырттатæгтæ». -Т.2. - Ф. 233-245. 74
Хохы Карцайы историйы стъæлфæнтæй Хохы Карца. «Галуан» - кæддæры цæрæн бынаты бындурон дурты цæндтсей цы баззад, уыдоны ныв. 75
Ирыстоны рæсугъддæр кæмттæй иуыл нымад у Карцагом, йæ хъæутæй та - Хохы Карца. Карцайы равзæрд хауы XVIII æнусы дыккаг хаймæ. 1781 азы ам уыд уырысы армийы капитан Штедер. «Это местечко живёт обособленно... Имеет хорошие пастбища и стада», - фыста уый. Карцамæ æввахс бафиппайдта «развалины Осетинского подворья» - своего рода центра Осетинской духовной комиссии, начавшей свою миссионерскую деятельность в 40- х г.г. XVIII века». 1808 азы та Карцайы бауазæгуат кодта зындгонд ахуыргонд Ю. Клапрот. Уый хъуыдымæ гæсгæ дзы уыцы рæстæг цард 120 хадзары бæрц. Карцайы тыххæй æрмæджыты ’хсæн ис Павел Потёмкины писмо, 1784 азы 20 апрелы Куырттаты комы цæрджыты номæй Хæбæлаты Хадар, Хъараты Або, Хъуылаты Джатто æмæ сæ куырыхон хистæр Хъараты Хъарамырзаимæ паддзахмæ кæй ныффыстой, уый. Карцайы комимæ æнгом баст сты Тезиаты æмæ Есиаты мыггæгты архайд. Карцагомæй бирæтæ сæхи равдыстой хъайтарæй Уырысы паддзахæн службæйы рæстæг. Зæгъæм, æнæмæлгæ кад æмæ намыс скодта Ирон бæхджын дивизи Уырыс æмæ Туркаг хæсты 1877-1878 азты. Уыцы дивизи хорзæхджын æрцыд Георгийы тырысайæ Уырысы паддзахы номæй. Дивизийы рæнхъыты сæ лæгдзинад равдыстой карцайæгтæ дæр. Шипкæйы бахъахъхъæныны хæстыты Ирон бæхджын дивизийы хæстонтæ хъæбатырдзинады уæлдай-ма парахат кодтой хæстон иудзинад æмæ лымæндзинады миниуджытæ уырыс-балгайраг адæмты ’хсæн. Командæгæнджытæ та 76
Хъараты Дудары банымадтой ирон-хъайтарыл æппæт хæцæг салдæтты æмæ афицерты ’хсæн. Поручик Есиаты Умар, уьтцы хæстыты уыд Ирон дивизийы командæгæнджытæй иу, æмæ йæ дæлбар салдæттимæ цы стьтр хъæбатырдзинæдтæ равдыстой тугкалæн тохы быдыры, уыдонæн дæр армийы разамынд аккаг аргь скодта. Хæрзиуæгджын æрцьтд æхсæнадон æмæ хæстон архайæг, дæлбулкъон Есиаты Аслæмырзæ дæр. Службæйæ куы суæгъд ис, уæд æрцард йæ райгуырæн Карцайы хъæуы. Бынтæ йын æрмæст Карцайы нæ уыд, фæлæ Суадаг æмæ Ногхъæуы. Аслæмырзæ уьтд уæздан, фæлмæнзæрдæ, адæмуарзон æмæ цардбæллон адæймаг. Ирыстоны хæххон зын уавæрты зæххы куысты æмæ зæххæйпайдакæныны тыххæй цы иртасæн куыстытæ ныффыста, уыдон абон дæр сты наукон æгъдауæй актуалон. Хорз зыдта мыддарыны æмæ дыргъдарыны куыстытæ. Ахуыр сьтл кодта йе ’мхъæуккæгты. Лæвар ма-иу сын мыды чыргъæдтæ дæр байуæрста. Карца æмæ хæстæгхъæуты цæрджытæн сарæзта куырой дæр. 1926 азы амард æмæ йæ баныгæдтой Хохы Карцайы уæлмæрдты. Аслæмырзæ йæ фæстæ ныууагъта фæзминаг кæстæртæ. Хорз хъомылад радта йæ сывæллæттæн. Йæ фьтрт Хъамболат райста уæлдæр ахуырад, зыдта цалдæр фæсарæйнаг æвзаджы, уарзта литературæ, ирон æвзагмæ дæсны тæлмац кодта уырыссаг æмæ францусаг авторты уацмыстæ. Хъамболаты тæлмацæй Н. Островскийы «Гроза» æвæрд æрцыд Тифлисы театртæй иуы сценæйыл. Йæ службæйы рæстæг схызт булкъоны цины онг. Хъамболат бирæ æххуыс кодта Ирыстоны рæзгæ фæсивæдæн сæ ахуырьт рæстæг æмæ йын уыдон дæр стыр кад кодтой. 77
Ирыстон æмæ Карцайæн кад æмæ намыс скодтой Фыццаг дунеон хæсты архайджытæ, падцзахы æфсады инæлæрттæ Датиты Хъасболаты фырт Дзамболат æмæ Хæтæхцыхъойы фырт Инуш (1871-1939). Инушы падцзах схорзæхджын кодта «дворянины» титулæй дæр. Датиты Долæтмырзæйы фырт Бейбулат (1856-1919) уыд, революцийы агъоммæ ирæтты ’хсæн æппæты бæрзонддæр къæпхæнмæ йæ граждайнаг службæйы чи схызт æмæ действительный советник, член Госсовета Российской империи чи сси. Уыд, император æмæ паддзахы орден Сыгъдæг (Святой) Станиславы кавалер æмæ чиныг «Практические указания для удешевления эксплуатации и постройки железных дорог» (1913) чи ныффыста. Йæ кæстæр æфсымæр Хъæвдын та уыд нæ республикæйы фыццаг æфсæнвæндæгты инженер, кæд æм профессионалон ахуырад нæ уыд, уæддæр. Хъæвдыны разамындæй æфсæнвæндæгтæ арæзт æрцыд Китайы, Персы, Францы... Карцайы цæрджытæ кæдфæндыдæр разæнгард уыдысты ахуырмæ. Кавказы корпусы сæйраг командæгæнæджы бардзырдæй æртæ ирон лæппуйы, се ’хсæн Хъараты Василий, 1865 азæй ахуыр кодтой Дзæуджыхъæуы военный госпиталы дохтыр Рачковскимæ. Уый сын бауарзын кодта дохтыры дæсныйад æмæ 1868 азы йæ хъæппæрисæй æрвыст æрцыдысты Тифлисы фельдшерты скъоламæ. Ахуыры фæстæ æрыздæхтысты Ирыстонмæ æххæст дохтыртæй, æмæ удуæлдайæ фæллой кодтой адæмы æнæниздзинады сæраппонд. Сылгоймагæн уыцы рæстæг йæ бартæ къуындæг уыдысты. Фæлæ Хъулаты Екатеринæ хызт сылгоймæгты ахуыры ныхмæвæрд хъуыдыкæнынады сæрты, активонæй 78
архайдта чызджыты скъолатæ гом кæныныл, æмæ сæ ахуырадон процесс лæууыд иу æмвæзадыл нæлгоймæгты ахуыримæ. Карцайæ иу æмæ дыууæ зындгонд афицеры нæ рацыд. Дзагуырты Г.Т. йæ чингуытæй иуы Хæбæлаты Сергейы тыххæй фыссы: - «Самой яркой личностью является генерал- лейтенант Сергей Степанович Хабалов. Он унаследовал от деда, храбро сражавшегося в войне 1812 года против Наполеона, любовь к военному искусству и военным наукам. В отличие от всех дореволюционных представителей осетинской военной интеллигенции, он был не только храбрым воином, но и выдающимся теоретиком военной науки. По его учебникам и пособиям учились курсанты всех военных училищ России. Знания Сергея Степановича были настолько велики, что в 1907 году его назначили председателем особого комитета комиссии военной истории. Он возглавлял различные комиссии по подготовке офицерского состава Российской армии. В феврале 1917 года Сергея Хабалова назначили командующим войсками Петроградского военного округа. Он верой и правдой служил Родине и остался яркой звездой в созвездии генералов- осетин...». 79

Ирыстоны рæсугъддæр кæмттæй иуыл нымад у Карцагом, йæ хъæутæй та - Хохы Карца. Карцайы равзæрд хауы XVIII æнусы дыккаг хаймæ. 1781 азы ам уыд уырысы армийы капитан Штедер. «Это местечко живёт обособленно... Имеет хорошие пастбища и стада», - фыста уый. Карцамæ æввахс бафиппайдта «развалины Осетинского подворья» - своего рода центра Осетинской духовной комиссии, начавшей свою миссионерскую деятельность в 40-х г.г. XVIII века». 1808 азы Карцайы бауазæгуат кодта зындгонд ахуыргонд Ю. Клапрот. Уый хъуыдымæ гæсгæ дзы уыцы рæстæг цард 120 хадзары бæрц. 81
Карцайы тыххæй æрмæджыты ’хсæн ис Павел Потёмкины писмо, 1784 азы 20 апрелы Куырттаты комы цæрджыты номæй Хæбæлаты Хадар, Хъараты Або, Хъуылаты Джатто æмæ сæ куырыхон хистæр Хъараты Хъарамырзаимæ паддзахмæ кæй ныффыстой, уый. Карцайы комимæ æнгом баст сты Тезиаты æмæ Есиаты мыггæгты архайд. Карцагомæй бирæтæ сæхи равдыстой хъайтарæй Уырысы паддзахæн иузæрдион службæйы рæстæг. Зæгъæм, æнæмæлгæ кад æмæ намыс скодта Ирон бæхджын дивизи уырыс æмæ туркаг хæсты 1877-1878 азты. Уыцы дивизийы архайдтой карцайæгтæ дæр. Уырысы паддзах æй схорзæхджын кодта Георгийы тырысайæ. Шипкæйы бахъахъхъæныны хæстыты Ирон бæхджын дивизийы хæстонтæ хъæбатырдзинады уæлдай-ма равдыстой уырыс- балгайраг адæмты хæстон иудзинад æмæ лымæндзинады миниуджытæ дæр. Командæгæнджытæ Хъараты Дудары банымадтой ирон-хъайтарыл æппæт хæцæг салдæтты æмæ афицерты ’хсæн. Поручик Есиаты Умар, уыцы хæстыты уыд Ирон дивизийы командæгæнджытæй иу, æмæ йæ дæлбар салдæттимæ цы стыр хъæбатырдзинæдтæ равдыстой тугкалæн тохы быдыры, уыдонæн дæр армийы разамынд аккаг аргъ скодта. Хæрзиуæгджын æрцыд æхсæнадон æмæ хæстон архайæг, дæлбулкъон Есиаты Аслæмырзæ дæр. Службæйæ куы суæгъд ис, уæд æрцард йæ райгуырæн Карцайы хъæуы. Бынтæ йын æрмæст Карцайы нæ уыд, фæлæ Суадаг æмæ Ногхъæуы. Аслæмырзæ уыд уæздан, фæлмæнзæрдæ, адæмуарзон æмæ цардбæллон адæймаг. Ирыстоны хæххон зын уавæрты зæххы куысты æмæ зæххæйпайдакæныны тыххæй цы иртасæн куыстытæ 82
ныффыста, уыдон абон дæр сты наукон æгъдауæй актуалон. Хорз зыдта мыддарыны æмæ дыргъдарыны куыстытæ. Ахуыр сыл кодта йе ’мхъæуккæгты. Лæвар ма-иу сын мыды чыргъæдтæ дæр байуæрста. Карца æмæ хæстæгхъæуты цæрджытæн сарæзта куырой дæр. 1926 азы амард æмæ йæ баныгæдтой Хохы Карцайы уæлмæрдты. Аслæмырзæ йæ фæстæ ныууагъта фæзминаг кæстæртæ. Хорз хъомылад радта йæ сывæллæттæн. Йæ фырт Хъамболат райста уæлдæр ахуырад, зыдта цалдæр фæсарæйнаг æвзаджы, уарзта литературæ, ирон æвзагмæ дæсны тæлмац кодта уырыссаг æмæ францусаг авторты уацмыстæ. Хъамболаты тæлмацæй Н. Островскийы «Гроза» æвæрд æрцыд Тифлисы театртæй иуы сценæйыл. Йæ службæйы рæстæг схызт булкъоны цины онг. Хъамболат бирæ æххуыс кодта Ирыстоны рæзгæ фæсивæдæн сæ ахуыры рæстæг æмæ йын уыдон дæр стыр кад кодтой. Ирыстон æмæ Карцайæн кад æмæ намыс скодтой Фыццаг дунеон хæсты архайджытæ, паддзахы æфсады инæлæрттæ Датиты Хъасболаты фырт Дзамболат æмæ Хæтæхцыхъойы фырт Инуш (1871-1939). Инушы паддзах схорзæхджын кодта «дворянины» титулæй дæр. Датиты Долæтмырзæйы фырт Бейбулат (1856-1919) уыд, революцийы агъоммæ ирæтты ’хсæн æппæты бæрзонддæр къæпхæнмæ йæ граждайнаг службæйы чи схызт æмæ действительный советник, член Госсовета Российской империи чи сси. Уыд, император æмæ паддзахы орден Сыгъдæг (Святой) Станиславы кавалер æмæ чиныг «Практические указания для удешевления эксплуатации и постройки железных дорог» (1913) чи ныффыста. Йæ кæстæр æфсымæр Хъæвдын та уыд нæ республикæйы фыццаг æфсæнвæндæгты инженер, кæд æм 8з
профессионалон ахуырад нæ уыд, уæддæр. Хъæвдыны разамындæй æфсæнвæндæгтæ арæзт æрцыд Китайы, Персы, Францы... Карцайы цæрджытæ кæдфæндыдæр разæнгард уыдысты ахуырмæ. Кавказы корпусы сæйраг командæгæнæджы бардзырдæй æртæ ирон лæппуйы, се ’хсæн Хъараты Василий, 1865 азæй ахуыр кодтой Дзæуджыхъæуы военный госпиталы дохтыр Рачковскимæ. Уый сын бауарзын кодта дохтыры дæсныйад æмæ 1868 азы йæ хъæппæрисæй æрвыст æрцыдысты Тифлисы фельдшерты скъоламæ. Ахуыры фæстæ æрыздæхтысты Ирыстонмæ æххæст дохтыртæй, æмæ удуæлдайæ фæллой кодтой адæмы æнæниздзинады сæраппонд. Сылгоймагæн уыцы рæстæг йæ бартæ къуындæг уыдысты. Фæлæ Хъулаты Екатеринæ хызт сылгоймæгты ахуыры ныхмæвæрд хъуыдыкæнынады сæрты, активонæй архайдта чызджыты скъолатæ гом кæныныл, æмæ сæ ахуырадон процесс лæууыд иу æмвæзадыл нæлгоймæгты ахуыримæ. Карцайæ иу æмæ дыууæ зындгонд афицеры нæ рацыд. Дзагуырты Г.Т. йæ чингуытæй иуы Хæбæлаты Сергейы тыххæй фыссы: - «Самой яркой личностью является генерал- лейтенант Сергей Степанович Хабалов. Он унаследовал от деда, храбро сражавшегося в войне 1812 года против Наполеона, любовь к военному искусству и военным наукам. В отличие от всех дореволюционных представителей осетинской военной интеллигенции, он был не только храбрым воином, но и выдающимся теоретиком военной науки. По его учебникам и пособиям учились курсанты всех военных училищ России. Знания Сергея Степановича были настолько велики, что в 1907 году его назначили 84
председателем особого комитета комиссии военной истории. Он возглавлял различные комиссии по подготовке офицерского состава Российской армии. В феврале 1917 года Сергея Хабалова назначили командующим войсками Петроградского военного округа. Он верой и правдой служил Родине и остался яркой звездой в созвездии генералов- осетин...». *** Тохсырты Къоста куыд фыссы, уымæ гæсгæ: «Еси, Узег æмæ Мамыхъ уыдысты æфсымæртæ. Цардысты Куырттаты комы Дæллагхъæуы. Еси иу рæстæджы абалц кодта Персмæ. Къорд азы дзы хабар нал уыдис æмæ æфсымæртæ сæхи мидæг уынаффæ кæнын байдыдтой, Есийæн йæ мулк нæхимидæг байуарæм, зæгъгæ, сæфтыл æй кæй банымадтой, уый тыххæй. Йæ бинойнаг Колион æфсымæртæй куырдта, банхъæлмæ ма йæм кæсæм, зæгъгæ. Уыцы ныхæстæ куыд кодтой, афтæ дын Еси авд хæргæвсы уаргъимæ æрбалæууыд сæхимæ. Æрбахаста бирæ дзаумæттæ æмæ æхцатæ. Къорд азы дæргъы Есийæн цот нæ рацыд. Фæстæдæр Куырттатæй йæ цæрæн бынат раивта Карцамæ. Ам ын цот рацыд æмæ сæ схуыдтой Есиатæ. Фыды номæй рацыдысты йæ иннæ æфсымæртæ Узег æмæ Мамыхъы мыггæгтæ дæр - Мамыхъатæ, Узегатæ. Адонæн ма се ’фсымæрты хуыдтой Парси, Хуытъина æмæ Огъуа. Уыдон дæр фыды номæй систы Парсиатæ, Огъуатæ, Хуытъинатæ. Карцамæ Дыгурæй, бæлвырддæр та Гуылæры хъæуæй æрбалыгъд иу хæдзар Дзаххотæй. Дыгуры кæй фæтуджджын сты æмæ сын уым цæрæн кæй нал уыд, уый тыххæй. Дыууæ 85
хæдзары куы бауыдаиккой, уæд дзы иуæн æндæр ранмæ лидзгæ уыд. Уымæ гæсгæ Дзаххотæ цардысты бирæ бинонтæй. Есиатæ Карцайы куы æрцардысты, уæд сæм сæ зонгæтæ лидзын райдыдтой алы кæмттæй. Карца кодта æртæ дихы. Уæллаг Карцайы æрцардысты Датитæ (æрбалыгъдысты Цъамады хъæуæй). Дæллаг Карцайы цардысты Есиатæ, Узегатæ, Тезиатæ, Борсиатæ (æрбалыгъдысты Куырттаты комæй). Чысайы цардысты Хъаратæ, Дагомæй - Дзугатæ, Гæздæнтæ, Гæджынатæ -æрбалыгъдысты Уæлладжыры комæй Урсдоны хъæуæй. Мсойтæ уыдысты Донысæрæй æрбалидзæг. Барзы цардысты Хестантæ, Насхъидатæ - æрбалыгъдысты Донысæрæй, иу хæдзар та сæ - Куырттаты комæй. Хæдарцатæ æрцардысты Гуысырайы. Хуытъинатæ цæрæн бынатæн равзæрстой Карцайы бынмæ Хъонахъы, афтæ йæ хуыдтой. Хъонахъ цы амоны, уый абоны онг ничи сбæрæг кодта. Бынæттон цæрджытæ æнхъæл сты «хъонахъ» у кæнæ ногъайаг, йе та монгойлаг ном. Борсиатæ кæм цардысты Карцайы, уый та хонынц «Бæхты лæзгъæр». Йæ рæстæджы Есиаты Аминæт сæ мыггаджы тыххæй дзырдта, зæгъгæ, уæлæсыхы цæрæг Хакъуына æмæ Аламасæн райгуырд лæппу. Йæ ном хуынди Ханджери. Ханджери цæуылдæр фæтæргай ис йæ мад, йæ фыдмæ æмæ ацыд Кæсæгмæ. Ам ын уыд бирæ хæлæрттæ, хæтæнты хатт семæ, уыд æхсарджын лæппу. Сæрæн кæй уыд, уымæ гæсгæ йын Дзылаты æхсин радта йæ рæсугъд чызджы. Ханджери сфæнд кодта йæ бинойнагимæ æмæ Суадагмæ бафардæг сты йæ фыды хæдзармæ. Райгуырд сын дыууæ фырты - Куырта æмæ Тæга. Уыд сæм дыууæ цуанон уарийы. Уаритæ иурæстæджы асырдтой цъиусуры. Раздæр æй сырдта 86
Куыртайы уари, фæлæ Тæгайы уари сæрæндæр разынд æмæ йæ куы баййæфта, уæд æй йæ бырынкъæй æркъуырдта. Уый фæхъыг Куыртайæн æмæ Тæгайы уарийы къубал стыдта. Уый адыл дыууæ æфсымæры ’хсæн фыдæхдзинад сæвзæрд. Тæгайы ус, цæмæй æфсымæрты мидæг фыдбылыз ма ’рцæуа, уый тыххæй йæ лæджы нал уагъта, Дæргъæвсмæ алидзæм, зæгъгæ. Тæга йæ усы коммæ бакаст æмæ алыгъдысты Дæргъæвсмæ. Райгуырд сын лæппу Тымбол. Тымболæн дæр райгуырд лæппу æмæ йыл сæвæрдта ном Еси. Еси йæ лæджы кары куы бацыд, уæд бахæстæг кодта Колытимæ æмæ сын райгуырд дыууæ фырты - Тамби æмæ Солтæмæт. Уæдæ цымæ Есиаты мыггаг куы равзæрдис, уæдæй нырмæ цал фæлтæры, цал азы рацыд? Райсæм дзы Солтæмæты байзæттæгты. Солтæмæтæн райгуырдис дыууæ фырты - Адылджери æмæ Хъуыдайнат. Адылджерийы фырттæ уыдысты Хæтъанæ æмæ Бахтынджери. Бахтынджерийæн райгуырдис фырт Мулдар. Уымæн - Беслæн, Аслæмырзæ, Аслæмырзæйæн - Хъасболат, Мæхæмæт, Хъамболат, Адылджери, Долæтджери æмæ Хадзымурат. Хъасболатæн райгуырд цыппар чызджы: Фатъимæт, Фузæ, Теминæ æмæ Аминæт. Есийæ Аминæтмæ рацыд дæс фæлтæры, æппын къаддæр 300-350 азы». г. «Рæстдзинад». - 2020. - 13 окт. 87
*** 1944 азы Есиатæ, Хъаратæ æмæ Дзугатæй бирæтæ ралыгъдысты Хохы Карцайæ æмæ æрцардысты Горæтгæрон районы Октябрскийы хъæуы. Абон Гуысырайæ Хохы Карцамæ ис хорз фæндаг. Раздæр æм автобус дæр нæ цыд æмæ адæм тых-тухитæ кодтой. 1960 азы Дзугаты Федыр - Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, цалдæр хæстон орденæй хорзæхджын - стыр бавæрæн бахаста, цæмæй фæндаг саразой, транспорт цæуа æмæ цæрджытæн сæ социалон уавæртæ фæхуыздæр уой. Цал æмæ цал хатты фæцыд йæхæдæг тухитæ кæнгæ уыцы уæззау хохаг фæндæгтыл Карцайæ Дзæуджыхъæумæ. Цал æмæ цал хатты бахоста нæ республикæйы уæды разамонæг Хъæбæлоты Билары кусæн бынаты дуар æппæт хъæубæсты цæрджыты номæй, цалынмæ йын сæ курдиатæн разыйы дзуапп радта, уæдмæ. Фæндаг арæзт куы ’рцыд, уæд сфæнд кодтой хъæугуывд скæнын æмæ сæ хæрзгæнæг Хъæбæлоты Билары æрхонын. Хонæг та йæм фæцыд хъæубæсты номæй сæ хистæр - Федыр йæхæдæг (фæцард 108 азы). Карцайæгты курдиат куы бамбарын кодта, уæд Билар æхсызгонæй сразы. Ахъуыды кодта æмæ дзы ракуырдта, цæмæй куывд аргъæвой рæстæгмæ. Федырæн бамбарын кодта, куывдмæ йæ кæй фæнды сæ номæй кадджын 88
уавæры Плиты Иссæйы æрбахонын (Иссæ уыцы рæстæг куыста Цæгат Кавказы Æфсæддон зылды хицауæй æмæ улæфыд Хъæрмæдоны санаторийы). Федыр куыд нæ бацин кодтаид, ахæм кады уазджытæ кæй сæмбæлдзæн сæ циндзинады æмæ разыйæ рацыд. Куывд уыд Хестанты Гæбылайы хæдзары. Кафт, зард ахаста изæрдалынгтæм. Бæркадджын фынгты уæлхъус гаджидæуттæ, кады нуазæнтæ иу иннæйы æййæфтой. Изæрырдæм Билар æмæ Иссæ цы уаты бадтысты, уырдæм сылгоймæгтæ фæтæгенæй цырæгътæ куы бахастой, уæд сыл Иссæ тынг бацин кодта. Йæ мидхъуыдытæ йæ ахастой сабидуджы бонтæм: «Мæнæ-ма фыдæлтыккон цырæгътæ!..» Федыр хатыр ракуырдта сæ цыты уазджытæй æмæ сын бамбарын кодта, электрон цырагъ сæм кæй нæй, уый. Иссæ бакаст Билармæ: - «Билар, бузныг дын, хорз фæндаг кæй скодтай. Ныр та бацархай, æмæ электрон цырагъ мæн хатырæй гæнæн æмæ амалæй цыбыр рæстæгмæ æрбауадз ацы алæммæттаг бынаты цæрджытæн». Билар бахудт æмæ Иссæйæн разыйы дзуапп радта. Кæй зæгъын æй хъæуы: абон Карцайы социалон фадæттæ бæлвырд фæхуыздæр сты: ис сæм фæндаг дæр, электрон цырагъ æмæ транспорт дæр цæуы æнæкъуылымпыйæ. Дзæнæты бадæд, Иры кад æмæ намысы лæгтæ, йæ адæмы хорзæхæн чи цард æмæ царды уавæртæ чи хорз кодта! 89
«Къухдарæн æнгæс æхсæрдзæн» Хъæриу ’мæ Уæлдзабийы астæу, Алæмæттаг Карцайы ком. Йæ разагъды лæгтæ - фæзминаг, Хъуыстгонд у нæ Иры сæ ном. Æрдзон хæзна - «цæгхуыз къухдарæн», «Æхсыр» дзы, пырхæнтæй кæлы. Æнусты уый дисы æфтауы, Карцадон размæ тырны. Царциаты диссаг- цыртдзæвæн: Тæрфы хъæбысы ысмал, Чъырхохæй балкъонхуыз æрлæууæн, Зæххыл ын нæма ис ’мбал. Гæцойты Аннæ 90
Карцагомы хъæбысы цы таурæгъты дзуринаг алæмæттаг æрдзон «Къухдарæн æнгæс æхсæрдзæн» æрбынат кодта, уымæ фæзилын хъæуы Куырттаты комы фæндагæй Гуысырамæ, стæй - Карцагомы фæндагыл - хъæуы сæрмæ 2,5 км. Йæ равзæрæн ис ам, Уæллаг Карцайы, Хъæриуы хохы рæбын Цъуны хайы, Карцадоны тæрфы хъæбысы. . Хохы Карцайы кой æгас дунейыл айхъуыст æрмæст йæ размæцыд адæмæй нæ, фæлæ ацы æрдзон цыртдзæвæны равзæрдæй. Уæрæсейы алы къуымтæй туристты йæхимæ æлвасы æмæ йæ фенынмæ цæуынц æмæ цæуынц. Иухатт æй чи фены, уый стыр дисы æфтауы, æрмæст йæ бакастæй нæ, фæлæ йæ диссаджы æрдзон архитектурæйæ, йе ’хсырхуыз схъиугæ.доны æртæхтимæ! Йæ дæргъ хæццæ кæны 300 метрмæ. Йæ бынмæ æрдз сарæзта чъырхохæй балкъонхуыз æрлæууæнтæ алыхуызон бæлæстæ æмæ къудзитимæ. Доны былгæрæттыл æхсæрдзæнмæ комкоммæ къахвæндаг нæй. Йæ бацæуæнтæ сты зынвадат: иувæрсты - зынцæуæн къæдз-мæдзытæ къахвæндаг, иннæ ’рдыгæй - бæхджын бæлццонæн фæндаг. Ис дзы дурцæндтæ æмæ сыл, æхсæрдзæнтау, уайы дон. Фæлæ уыдон цæстсайæн чысыл æхсæрдзæнтæ сты сæйраг диссагмæ фæндагыл. Бæлццоны хонынц иу æрдзон аивадон нывæй иннæ цымыдисагдæр нывмæ, иу чысыл цыхцырæгæй иннæйы фæрсты хизгæйæ гакъон-макъон фæзилæнты, хъæдты æмæ тæрфыты цæугæйæ, кæд æмæ дзы абон ис барвæндон архайджыты фæрцы арæзт хидтæ хъæдæй, уæддæр. Æрмæст æрдæг сахаты фæстæ цæстыты раз слæууы царциаты диссаджы æрдзон цыртдзæвæн «Къухдарæн æнгæс æхсæрдзæн». Æрдз йæ ахорæнтæ нæ бахæлæг кодта æмæ йæ аив фæлыстæй 91
равдыста алыхуызон бæлæстæ, къудзитæ æмæ лыстæг зайæгойты хъæбысы, мæргъты æмæ цъырцъырæгты зардимæ. Æхсæрдзæн кæд равзæрд, уый зæронд цæрджытæй дæр ничи хъуыды кæны. Ахуыргæндтæй фыццаг хатт йæ кой скодта Ирыстоны зындгонд æрдззонæг Константин Попов 2008-2009 азты. Æхсæрдзæны ист къамтæ æмæ йыл цыбыр æрмæг бахаста «Цæгат Ирыстоны æхсæрдзæнты атласмæ». Æрдзон цымыдисаг фæзындыл нымад æрцыд æхсæрдзæн æрмæст Уæрæсейы нæ, фæлæ дунейы дæр. Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ дыккаг ахæм цымыдисаг æхсæрдзæн нæй зæххы къорийыл. Уый уæлдай хæс æвæры не ’ппæтыл дæр, цæмæй йæ бахъахъхъæнæм фæстагæттæн. Æнусты размæ Карцадон сыф-сыф кæнгæ чъырдур къæдзæх æрбакъæртт кодта, айгæрста йæхицæн фæндаг «Дуркъухдарæн æнгæс»-ы хуызы, æмæ дзы цыхцырæй цалдæр метры бæрзондæй бынмæ фынккалгæ згъæлынц ихджын æхсæрдзæны доны æртæхтæ. Стыр цымыдисы æфтауы йæ æрдзон арæзт горизонталон арвæрдыны хуызæн хид дæр. Йæ иу цъар - лыстæгдæр кæм у, уым у иухуызы чъырдурæй, айнæгмæ хæстæг та, цыма дыууæ-æртæ цъарæй конд у, афтæ зыны адæймагмæ. Æхсæрдзæны бæрзæнд у 5-6 метры. Дуркъухдарæны уæрæх - 1,5-2 метры; кæм фæкъаддæр вæййы цыхцырæг, уым - 2,5-3 метры онг. «Къухдарæны» райдайæны кæм фæкъаддæр вæййы, уым та - 2-2,5 метры бæрц. Йæ бацæуæны иуæрдыгæй ис æрдзон къæлæтхуыз дурхид, иннæ’рдыгæй - айнæг къæдзæх æмæ сæ бакаст адæймагмæ æвзæрын кæны цымыдисаг хъуыдытæ, æмæ уæд сæ ахæсты бахауы. Афтæ кæсы, цыма æрдз нæ, фæлæ къорд архитекторы бацархайдтой техникон фæрæзты фæрцы ацы алæмæттаг æрдзон цыртдзæвæн саразыныл. Бирæтæ йæ 92
нымайынц Дагъистаны Салтины æхсæрдзæнмæ бацæуыны хæдхуыз. Карцайы «Къухдарæн æнгæс æхсæрдзæн» ахуыргæндтæн æмæ туристтæн у æнæбын иртасæн æрдзон цыртдзæвæн. Бæрзондæй бынмæ, къæдзæхы сынæгæй кæсгæйæ, адæймагмæ афтæ зыны, цыма дон цыхцырæй згъоры комæвгæнæны, Карцадонимæ баиу вæййы æмæ дарддæр знæтæй йæ цыды кой кæны арф тæрфыты гуылф- гуылф кæнгæ, йæ размæ цæуыл æмбæлы, уыдоны ссивгæйæ Фыййагдоны стыр донмæ. Арф комы, айнæгкъæдзæхы рæзты йæ бацæуæн у тар хъæды: фæрвы къох, кæрз æмæ бирæ алыхуызон зæбул бæлæстæ æмæ къæйдуртæй дзаг фæндагыл. Æхсæрдзæны бакаст у аргъæутты дзуринаг æрдзон ахорæнтæй нывæст, цыма æхсыры цад ратыдта йæ былтæй, ракалд бынмæ згъоргæ æмæ хъæр кæны: «Фæллад бæлццон, ма æфсæрмы кæн, æнæзивæгæй рацу æмæ суадз дæ дойны. 93
Мæ ихджын доны дæхи ныннай æмæ баулæф ацы алæмæттаг æрдзы хъæбысы!» Дзурынц, зæгъгæ, 1970 азты иу ахуыргонды бафæндыд бæлвырддæр сбæрæг кæнын йæ равзæрд. Йæ рæзты куы бацыд, уæд йæ цæст фæхæцыд æхсæрдзæны сæрмæ бæласы къалиутыл ауыгъдæй дынджыр зырдурыл. Уыцы ныв фенгæйæ йæ уды тас бацыд. Афтæ йæм каст, цыма бæласы къалиутæ уæз нæ бауромдзысты æмæ ныртæккæ зырдур феуæгъд уыдзæн йæ бынатæй, расхъиудзæн, æмæ тулгæ-тулгæ йæ разæй ахæсдзæн ссивгæ, йæ фæндагыл цæуыл æмбæла, уыдоны... Æхсæрдзæны бацæуæнты æрдзы рæсугъ нывтæ адæймаджы цæст рæвдауынц алыхуызон бæлæстæ, зайæгойтæ æмæ къудзиты уындæй, цъиуты цъыбар-цъыбур, изæрыгæтты та хæфсыты хъуахъхъ-хъуахъхъæй. Сæрдыгон бон дæр йæ разы у тынг сатæг. Уазал уæлдæф уæнгты хизы. Ис дзы хи ныннайæн æмæ ныхсæн, йæ «фыцгæдоны агæй» дойны суадзæн хæрзад сыгъдæг цъитидонæй. Куыд дзурынц, афтæмæй бирæ æнусты дæргъы цæугæдон йæхицæн къахта донвæд æмæ Карцадоны фарсмæ, æрдзы хъæбысы миддунейы йæхи райхъал кодта ахæм рæсугъд хуызы. Ахуыргæндтæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй æппæт æхсæрдзæнты дæттæ дæр сты пайда, æнæниздзинадхæссæг. «Къухдарæнæнгæс æхсæрдзæн»-ы дæр ис уыцы фæткæвæрд. Йæ доны æртæхтæ тæхгæ-тæхын айдзаг вæййынц уæлдæфы æппæрццæг аэроионтæй, кæцытæ хорзæрдæм зынынц адæймаджы æнæниздзинадыл. Йæ разы чи вæййы, уыдоныл дæр æхсæрдзæны доны тæппыты схъиуд æмæ йæ уынæр хорзæрдæм ахадынц, уæнгтæ кæнынц рогдæр, рæуджыты улæфт фæуæрæхдæр вæййы. 94
Йæ разы цы фæз ис, уым ис бадæн бандæттæ, бынæттæ цатыртæ æрытауынæн. Бирæ туристтæ стыр цымыдисæн баззайынц æхсæвæддæ дæр. Мæйрухс æхсæвты та æхсæрдзæн стъалыты рухсмæ æндæр алæмæттаг нывæфтыд фæлыстæй равдисы йе ’рдзон хуыз, раст цьтма заводы домнæйы пецæй тад ызгъæр æрттивгæ згъоры цæджы мидæг, афтæ. Зымæгон та йæ сыгтæ (струя) згъоргæ-згъорын сæнтурс ихдзынæгтæ фестынц æмæ æрттивгæйæ дардмæ рæвдауынц адæймаджы цæст. Æвæдза, æрдзы ахорæнтæн ницæимæ ис абарæн. Дунескæнæг нын цы æрдзон хæзнатæ балæвар кодта, уыдонæн цæмæндæр æдзух аккаг аргъ скæнын нæ бон нæ вæййы æмæ сæ, хъыгагæн, нæ хъахъхъæнæм. Цæрæд æнусты рæвдыдæй Карцагомы хæхты хъæбысы дунейы æмбал кæмæн нæй, уыцы æрдзон цыртдзæвæн «Къухдарæн æнгæс æхсæрдзæн»! Дзугаты-Мурасты Риммæ - Цæгат Ирыстоиы культурæйы сгуыхт кусæг, УФ-йы Журналистты цæдисы уæнг. 95
КЪАМТÆ ДЗУРЫНЦ: Гæбилайы хæдзар Хохы Карцайы
Гæбила æмæ Бела Гсебила, Джыккайты Хьазыбег æмæ Федыр 97
Гсебила æмæ Фединкæ Гæбила Дзомагьы фæсивæдимæ (дыккаг рæнхьы галиуырдыгæй), йæ фарсмæ -Джыккайты Анычкæ, Плиты Афанас... 98
Гæбила Хохы Карцайы цæрджытимæ Наниты Виссарионы ист къам 1-агрæнхъы: Гиоты Афæхъо, Дзугаты Гæбила æмсе Есиаты Иналыхъ 99
Дзугаты Федыр æмæ Катушæ Бæбу æмæ Ленæ юо
Бæбу, Плиты Зоя æмæ Ленæ Бæбухъæуы цæрджытимæ 101
Хазби Барис (Бæбу) Æхсар Мурат Знаур 102
Наииты-Мурацты Зинсе, Нинæ (Наниты Виссарионы бинойнаг), Дзугаты Лсиат, Хъæцмæзты Верæ, Дзугаты Бæбу. Хетæгкаты Хазби æмæ Асиат юз
Хетæгкаты Хазби, Дзугаты Мурат æмæ Асиат. Лсиат æмæ Зæлинæ 104
Зæдинæ, Алдæ æмæ Зæирæ Мурат, Датъриты Аижедæ (Гуля), Асиат, Зæлинæ æмæ Риммæ. 2021 аз 105
Хетæгкаты Асиат æмæ Зæлииæ. 2021 аз Мурат, Датъриты Алинæ, Асиат} Зæлинæ æмæ Анжелæ (Гуля). 2021 аз юб
Аллæ, Марат æмæ Риммæ (1976) Индирæ, Фатимæ, Æхсар, Казик 107
Бæбу, Алан Датъриты, Мурат, Æхсар, Зæирæ æмæАсиат Датъриты Зæирсе, Алан æмæ Дзугаты Зæлинæ
Датъритæ: Петя, Алинæ, Гуля, Зæирæ æмæ Алан Бæбуйы цот: Олег, Ритæ æмæ Руслаи 109
Мурат семæ Риммæ Бадынц: Марат, Мурат, Аланчик, Кристинæ, Риммæ. Лæууынц: Ленæ, Аслан, Алан, Эльда 110
Бадынц: Калоты Беллæ, Риммæ, Мурат; Лæууынц: Æхсар, Калоты Аслан, Мурасты Георги (Бусик). 1976аз Алан, Кристинæ, Риммæ, Аслан æмæ Мурат 111
Стэллæ, Мурат, Риммсе, Кристинæ; Марат, Аслаи, Алан (Мараты фырт), Алан. 2021 «Во Славу Осетии»-йы майданæй схорзæхджыны бон Мурат Мамсыраты Таймураз æмæ нæ интеллигенцийы раззагдæртимæ 112
Гæбилайы æрдхорд Наниты Виссарион йæ чызг Зинæ, сиахс Мурацты Мæбег, Вовæ æмсе Маринæ Мурат, Асиат æмæ Зæлинæ
Мурат, Марат, Риммсе, Аслан æмæ Алаи. 2020 аз. 114
Мурат уæлмæрдтæм зилгæйæ И5
Бæбуйы номыл суадон Карцамæ фæндагыл. Датъриты Алинæ æмæ Анжелæ (Гуля) (суадон сарæзыныл бакуыстой Æхсар, Мурат, сæ цот æмæ Бæбуйы лæппу Руслан) 116
Дзугаты Иван (дыккаг рахизырдыгæй) Кремлы - Советон Цæдисы Сæйраг Советмæ дыууæхатты æрсидты (созыв) депутат 117
Бæбуйы кæстæр лæппу Руслан Сталины портретимæ «Æнæмæлгæ полчъы» инæлар Бедойты Русланимæ 118
Библиографи цы æрмæджытæй спайда кодтон, уыдонæн: 1. Борцы революционного движения в Юго-Осетии, Сталинир:Ирыстон.-1987.-С.192-193. 2. Дзаттиаты, У. Ирон фарн макуы фесæфæд [хæхбæсты ирон фарнæй æххæст цæрæг лæгты тыххæй] //Рæстдзинад.-2002.-26июль. 3. Дзаттиаты, У. Сæрибарыл тохгæнджытæ [1918-1921 азты Хуссар-Ирыстоны партизанты къордты архайджыты тыххæй] //Рæстдзинад.-1998.-21 январь. 4. Дзугаты, Х.Х. Сырх партизаны кадæг [поэмæ]: Авторы архивæй ист къухфыст. 5. Дзугаты М. Дзугаты мыггаг. Чиныг «Куырттаты ком æмæ куырттатæгтæ». - Т.2. - Ф. 233-245. 6. Дзугаты-Мурасты Р. Дзырдзæугæ, цыргъзонд, нымад лæг [Дзугаты Гæбилайы 125 азы райгуырды бонмæ] // Владикавказ.-20.08.2013;21.08.2013; 23.08.2013.(№145, №146, №148). 7. Дзугаты-Мурасты Р. Къухдарæн æнгæс æхсæрдзæн [этюд] II Рæстдзинад.- 2020. - 19 декабрь. 8. Хабалашвили, И.В. Ветераны колхозного строя в Юго- Осетии, Цхинвал: Ирыстон.-1971.-С.134-135. 9. Хозиты, Ф. Уæлладжыры комыл - Туалтæм. - 1990. - Ф. 21-23. 119
СÆРГÆНДТÆ М.Туганов. Гæбилайы портрет 4 Æмдугонтæ Гæбилайы тыххæй 7 Гæбилайы фæдонты равзæрды царды бæласы ныв 9 Дзугаты-Мурасты Р. Фæзминаг хистæр 11-32 Дзугаты Х.Х. Сырх партизаны кадæг 33-50 Гæбилайы тыххæй чингуыты æмæ мыхуыры 51-55 Документты къопитæ 56-62 Дзугаты М. Дзугаты мыггаджы тыххæй (цыбыр афæлгæст) 64-74 Хохы Карцайы историйы стъæлфæнтæй 75-89 Къухдарæн æнгæс æхсæрдзæн (этюд) 90-95 Къамтæ дзурынц 96-118 Библиографи 119 120
Литературно-художественное издание Дзугаева-Мурашева Римма Черменовна КРАСНЫЙ ПАРТИЗАН Издана в авторской редакции