Text
                    Лоа I 1иы
ФЯ1ШКАГ
Ирон æвазгмæ) сæ
ратæлжац ксста
Хъесаты Балсся
л^генАÆГД
РЕСПУБЛИКАНГ,
иаучнэя
им. с.
Инв, Л*
И
ЧИНЫГУАДЗÆН »ИР» . ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1983+


84.5В Х98 Рецензент перевода Ч. Г. Айларов Хоа Май. Х98 Вьетнама^ легендæтæ /Ирон æвзагмæ сæ ратæлмац кбдта Хъесаты В. — Орджоникидзе: Ир, 1983.— 52 ф. Хоа Май. Вьетнамские легенды. 5 к. Ярко. искренно звучат легенды о мужестве, чести, любви, а также о долге человека перед Родиной, народом. 4832—75 X 56—83 84.5В М131(03)—83 © Издательство «ИР», 1983, Перевод, оформление.
ЙÆ ЛÆГМÆ ÆНХЪÆЛМÆГÆСÆГ ХОХ-СЫЛГОЙМЛГ Цардысты Кхуань-хоамæ хæстæг чысыл хъæуы иу зæхкусæг бинонтæ. Цардысты бонзонгæ, хуымæтæг хæ- дзары. Сæ хæдзар ницæмæй хицæн кодта вьетнамаг ин- нæ хъæуты хæдзæрттæй: арæзт уыд ставд хъæдтайй, хъæмпæй æмбæрзт, мидæгæй та дихтæ уыди бамбук гæрæнтæй. Хæдзары фæстæ, стыр хъæды тары рохуаты цы чы- сыл æрдуз баззад,ууылты згъордта къададон. Афæдзы афонтæм гæсгæ цыди куы змæст, куы сыгъдæгæй, фæлæ дзы дон кæддæриддæр уыди. Тымбыл Ьбауы сырх сыджыт дæр мингай азты дæр- гъы стыр хъæды æмбийæццæгтæй схъæздыг. Марионкæ,. таро æмæ иньям1 дзы задысты хорз, бæркадджынæй. Къададонæй донхорыггонд дыууæ-æртæ чысыл пы- рындзы хуымы, цалдæр карчы æмæ хъæргæнаг бабыз, 1 Сæ уидæгтæ хæрынмæ кæмæн бæззынц, ахæм зайæгойтæ. Тынг сæ пайда кæнынц тропикон бæстæты. з
иу тымбылсæр мангбæлас2 æмæ хæдзары ныхмæ сагъд банан бæлæсты чысыл къох уыдысты ус æмæ лæджы дарæг. Лæг дæсны быдта лыстæг уистæй кæсагахсæн даргъ чъыргъæдтæ æмæ-иу сæ нывæрдта гыццыл цæугæ- дæтты. Райсомæй-иу сæ уыд бирæ æвзистхуыз лыстæг кæсæгтæ. Афтæ сабыргай цыди рæстæг. Ус æмæ лæг цардысты сæ æбæллиццаг хъысмæтæй нæ хъаст кæнгæ- йæ. Райгуырди сын лæппу, дыууæ азы фæстæ та чызг. Лæппу дæр æмæ чызг дæр райгуырдысты фæззæджы æмбисы, мæй йæ цалхыдзаг куы вæййы, уæд3. Сабитæ рæзыдысты уыцы сабыр, чысыл æрдузы хъæ- бысы. Хаттæй-хатт-иу æрцыдысты сæ фыдимæ обауы рæбынмæ — денджызы былмæ, сæ хъысмæты денджы- зæн цы нысаниуæг уыдзæн, уый нæма æмбаргæйæ. , Лæппуйыл уæд цыди авд азы, йæ хойыл та—фондз. Æмæ сыл кæд азтæ гыццыл цыди, уæддæр архайдтой сæ мадæн хæдзары куыстыты æххуыс кæныныл. Уæл- | дай тынгдæр сæ зæрдæмæ цыд æрдузы хус сугтæ уи- дзын. Иухатт иннæ бонтау араст сты иу-цалдæр басты уис æмбырд кæнынмæ. Лæппу хаста даргъ бамбук лæ- дзæгыл сагъд цъалды. Цыбыр цæфтæй æрцагъта, цы къалиутæ равзæрстой, уыдон. Йæ хойы разæй цæугæ- йæ фæзмыдта, кæддæр бæрæгбоны равдысты цы æф- сæддонтььфедта, уыдоны. Алы цæфимæ дæр æрттывта 2 Гыццыл, лыстæгзæнг бæлас адджын, хæрздæфгæнаг дыргъ- тимæ. 3 Фæззæджы æмбис кæнæ та Чуиг-тху—æстæм мæйы 15-æм бон, Вьетнамы бæрæгбон, куывдтæ æмæ чындзæхсæвты рæстæг. 4
хъæддзауы цъалды, лæппумæ та афтæ касти, цыма йæ къухы æхсаргард уыди. Кæнæ æртæхæй хуылыдз зæххыл фæбырыд лæппу, кæнæ та, чи зоны, фæирвæзт йæ лæмæгъ къухтæй æгæр уæззау кусæнгарз, æмæ чызг æнæнхъæлæджы сæрыцæ- фæй æрхауди зæххыл йæ туджы мæцгæ. Æнæсæрхызт лæппу, мæ хойы амардтон, зæгъгæ, фæтарст æмæ алыгъд. Тæрхъæд æй бамбæхста... Уæззау цæф мæлæтдзаг цæф нæ уыди! Хосгæнæг зæронд ус сдзæбæх кодта чызджы хъæдгом. Иуафон мастæфхæрд бинонтæ бафарстой дæсныйы сæ чызджы хъысмæтæй. Дæсны йæ пехуымпариуæггæ- нæн тыхтæттæй иу сласта æмæ йын йæ фыстытæ схуыд- та хæрзаудæнгæнæг фыстытæ. Сусæгхуызæй радзырд- та ныййарджытæн, сæ чызгæн кæй уыдзæн бæллиццаг хъысмæт, йæ кой кæй цæрдзæн, хæхтæ цалынмæ лæу- уой æмæ денджызтæ цалынмæ змæлой, уæдмæ. Къæвдатæ райдайæн афонмæ чызгæн йæ хъæдгом бынтондæр сдзæбæх. Уый арæх хъуыды кодта йе ’фсы- мæрыл, æппындæр æм ницы фыд-зæрдæ дардта, æмæ йæм тæригъæд каст, кæй алыгъди, уый. Æцæгæй дæр, куыд æнамонд фæци сæ къона — фæцух ис нæлгоймаг- бындарæй, йæ фыдæлты ингæныл дины ’гъдæутты фæтк кæй бон уыд, уыцы йунæг адæймагæй4. ’Денджыз — хæстæг: чи зоны, адæргæй лæппу йæхи баппæрста донзилдухæны йæ тæригъæдтæ ссыгъдæг кæныны тыххæй... Кæнæ, чи зоны, æнæрхъуыды тахт кæнгæйæ хъæды тугдзых сырдты амæттаг фæци... Рацыдысты бонтæ, мæйтæ, азтæ. Хæларзæрдæ бинон- тæ ницы хабар зыдтой сæ лæппуйæ. Уæззау, фыдæбой- 4 Вьетнамæгты уырнындзинадмæ гæсгæ фыдæлты ингæныл дины ’гъдау кæиын йæ бон у æрмæст нæлгоймагæн. 5
наг цард фæкодтой ныййарджытæ, стæй амардысты сæ фыртмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Чызгыл уæдмæ сæххæст æхсæрдæс азы. Цæмæй йæ ныййарджыты бавæрдтаид, уый тыххæй ауæй кодта йæ фыды хæдзар, стæй æх- хуырсты бацыд Кхуань-хоайы иу хъæздыг бинонтæм. Уыцы рæстæгмæ йæ лыгъд æфсымæр сси стыр сæу- дæджергæнæг. Зынаргъ китайаг зæлдæгтæ агурæг хатти бирæ фæндæгтыл. Æрцыд рæстæг, æмæ æрцард Кхуань-хоайы. Ра- куырдта бинойнаг æрыгон сидзæр чызджы. Чызгмæ мулк нæ уыд, фæлæ уыйхыгъд уыд стыр хæларзæрдæ- йы хицау. Æнæмаст цард кæнгæйæ сын афæдзы фæстæ райгуырд лæппу. Æрмæст сæ амонд, мæгуырæг, уыди хæрзцыбыр. Иухатт изæрæй авдæны зарджытæм хъусгæйæ са- би йæ авдæны куы афынæй, уæд мад бавдæлд æмæ йæ- химæ зилынмæ фæци. Стыр æрхуы тасы ныккодта хъарм дон æмæ дзы нывæрдта менкеты5 цъæрттæ, уы- дон хорз хъахъхъæнынц сæрыхъуынты рæсугъддзинад. Райхæлдта йæ сау хъуымбыл дзыккуты уæззау тыхт, сæрыл урс тæлмы хуызæн разынд дæргъæй-дæргъмæ нос. Лæг æй æвиппайды афарста уыцы носæй. Уымæн æмæ йын йæ зæрдыл æрбалæууын кодта дард сабийы бонты æбуалгъ мысинаг. Усы дзуаппæй йæ зæрдæ нык- кæрзыдта: бамбæрста, йæ хойы кæй ракуырдта, уый. Хъысмæты ног цæфæй уыргъуыйау фæуæвгæйæ æнамонд адæймаг йæхи æнустæм фесафын фæнд скод- та. Æрнывыл кодта йæ хъуыддæгтæ, цæмæй йæ фырт æмæ йæ усы цард дарддæр уыдаид æппæтæй æххæст.. 5 Мимозæты мыггаг бæласы дыргътæ. 6
Æфсонæн æрымысыд йæ дæсныйад æмæ ацыд денджы- зы дард бæстæм зæлдæгтæ агурæг. Обауы сæрмæ ссæу- гæйæ йæ ус бирæ фæкасти æнæкæрон денджызы дард- дæрæй дарддæргæнæг иунæг чысыл наупæлæзмæ. Ивгъуыдта æгъатыр рæстæг, фæлæ лæгæй хабар- хæссæг нæ уыд. Ус зонгæ дæр никуы бакодта, уый йæ хæрзæфсымæр кæй уыд, уый. Алыбон дæр-иу йæ хъæ- булимæ схызт æппæты бæрзонддæр цъупмæ, денджызы тыгъдады йæ лæджы æрбаздæхтæй хабархæссæг нау- гонд феныныл зæрдæ даргæйæ. Алы ’изæр дæр ныгуы- лæг хур уыдта усы уыцы бæрзонд цъуппæй сæхимæ здæхгæ. Куы та-иу дымгæ хаста денджызы уылæнтæм йе ’нкъард зарджытæ: Уалдзæджы дымгæ мæ цæссыгтæ суры, О ме ’лдар, кæм дæ? Ме ’ппæт сагъæсты, мæ фынты дæу мысын... Ды зилыс кæмдæр. Зарынц цъыр-цъырæгтæ иумæ сæ зарæг, Ныр махмæ у сæрд. Рæстæг мæ уарзтыл нæ кæны уæлахиз, Дæуыл у мæ мæт! Фæззæджы дымгæ хабар дæр нæ хæссы, Мæ иунæг, дæуæй. Авдæнмæ зарын нæ чысыл бындарæн,— Æххуысгæнæг нæй. Чи нын æрхæсдзæн, чи нын кæндзæни, Мæ зынаргъ, дæ кой? Чи зоны, денджызы фале, æндæр ран Ыссардтай æнцой? Сагъæс мæ риуы тымыгъау нынниуы, Æнхъæлмæ кæсын. 7
Раздæрау тоны мæ зæрдæ йæ рохтæ,— Бамбар мæ зын. Рæстæг мæ сагъæс нæ фæсурдзæн дардмæ, Цæй-ма, кæм дæ? Де ’фсин æрмæстдæр дæ цардæй куы цæры, Ме ’лдар, кæм дæ? Йæ алфамбылайы цæрæг адæм иууылдæр зыдтой усы иузæрдиондзинад. Æмæ-иу æй науты цæуджытæ фарстой, æмдзугæнæг дымгæтæ уыдзæн æви нæ, уы- мæй. Æппынфæстаг ын хæрзаудæггæнæг арв йæ бирæ æмæ сабыр быхсынад скодта æнусон, мад æмæ фырты фестын кодта «Мад æмæ хъæбулы»6 хох. Уæдæй фæстæмæ уыцы хохы цурты цæгатырдæм , ленк кæнгæйæ наудзæуджытæ зарынц ахæм фыццагон зарæг: О сылгоймаг! Намыс дын, кад дын, Кув хуыцæуттæм нæ номыл æдзух. Уадз æмæ хуссайраг дымгæ хæларæй Махæн нæ наупæлæз размæ тæра Æмæ нæ скъæфа дардмæ, цæгатмæ, Дæ мойы цæрæнбынатмæ. 6 Ня Чан æмæ Вареллы астæу хæхты рагъ (Хуссар Вьет- нам).
ТАН-ВЬЕНЫ ХОХЫ ЛЕГЕНДÆ Тан-вьены хохы хæларзæрдæ дæсны чи сси, уый уыди паддзахы мыггаг Лак-лонгæй. Ном Лак-лонг йæхæдæг бæрæг кæны зындгонд мыггагæй равзæрд. Фæлæ ма уæд уыцы лæг уыди мæгуыр, æмбырд кодта сæнæфсиры талатæ, саста суг æмæ уымæй царди. Иухатт ракалдта стыр бæлас æмæ йæ фæрæт йе ’ккой акæнгæйæ раздæхт йæ хъæмпын халагъудмæ. Дыккаг бон та бацыд уыцы ранмæ йæ конд бæлас æр- тæгæлтæ кæнынмæ, фæлæ егъау бæлас лæууыд йæ разы иннæ бæлæсты астæу йæ арæхсыф цъупп бæрзонд сис- гæйæ. Хъæддзау та ногæй бавнæлдта йæ куыстмæ. Раз- дæрау та тæнæг кæрдæгмæ тахтысты æхсныфтæ. Фæ- лæ та дыккаг бон уыцы æмбисонды бæлас фыццагау лæууыди йæ бынаты, æмæ та йыл æппындæр фæрæт- дзæфы бæрæг нæ уыд... Раст та афтæ фесæфт хъæддза- уы фыдæбон æртыккаг бон дæр. Лæг сфæнд кодта уыцы сусæгдзинад базонын. Ра- калдта та уыцы дынджыр бæлас æмæ бамбæхсти лиа- 9
нæты æмæ бамбукты пыхсбыны. Цасдæры фæстæ кæ- цæйдæр фæзынди диссаджы рæсугъд æрыгонсылгоймаг. Уый уыди. кæй зæгъын æй хъæуы, зæд. Йæ алæмæттаг лæдзæгæй сабыргай бахоста калд бæлас, æмæ бæлас уайтæккæ слæууыд йæ бынаты. Иæ цæфтæ æрбайсæф- тысты, æмæ цæрынгæнæг сойтæ ногæй ацыдысты бæла- сæн суанг йе ’ппæты къаддæр сыфтæртæм дæр. Хъæд- дзау рацыди йе ’мбæхст ранæй, бацыд уыцы æнæзонгæ æрдхаерæны сылгоймагмæ æмæ йын хъаст кæнын рай- дыдта, йæ фыдæбæттæ лæвар кæй фесæфтысты, уый тыххæй. — Æз дæн Тхай-бак-тинь-куан-стъалы Венерæ,— дзуапп радта æнæзонгæ сылгоймаг. — Ацы бæласбын у мæ уарзон улæфæн бынат. Æз хорз зонын, ды тынг мæгуыр кæй дæ, уый, æмæ дæ æппындæр дæ куысты мыздæй цух кæнынмæ нæ хъавын. Ацы лæдзæг дын ба- фиддзæн дæ зиантæ. Уымæн йæ бон канд ацы рæсугъд бæласы райгас кæнын æмæ йын йæ цæфтæ сдзæбæх кæнын нæу, фæлæ йæ бон у адæмы низтæ æмæ хъæд- гæмттæ дзæбæх кæнын дæр. Айс æй, æмæ-иу куыддæр бандзæвай рынчыны буарыл, афтæ-иу рынчын фервæз- дзæн йæ хъизæмарæй. Дæуæй рауайдзæн, ацы бæстæ- йы адæм кæй зыдтой, уыдонæй номдзыддæр дзæбæхгæ- нæг. Фæлæ дæхæдæг мæгуыр кæй уыдтæ, уый дæ зæр- дыл дар æмæ хæрзаудæн кæн мæгуыр адæмыл! Уыцы ныхæсты фæстæ зæд æрбайсæфт. Хъæддзау ныууагъта йæ раздæры дæсныйад æмæ араст, исты низæй чи хъизæмар кæны, уыдоны агурæг. Уайтагъд-иу адзæбæх кодта рынчынты æмæ сси дар- дыл зындгонд дзæбæхгæнæг. Иæ кады ном дардмæ цыд иæ разæи, кæи сдзæбæх кодта, уыдоны бузныгдзи- над та йын скодта адæмы астæу стыр намыс. 10
Иухатт цæугæдоны тыхуырдыг былгæрæттыл цæу- гæйæ хъæддзау-хосгæнæг федта къамбецтæ хизæг лæп- путы: сывæллæттæ æрæмбырд сты, цы калм амардтой, ууыл. Хосгæнæг сæм хæстæгдæр бацыд æмæ калмы сæрыл фæфиппайдта бæрæг нысан: «Выонг»7. Йæ лæ- дзæг бандзæвыд калмы сæрыл -^- калм уайтагъд рай- гас ис, æмæ донмæ куы бахæццæ, уæд уым æрбайсæфт. Цалдæр боны фæстæ хосгæнæг йæ хæдзары улæ- фыд, афтæмæй йæм бацыд иу æнæзонгæ лæг. йемæ æрбахаста бирæ зынаргъ дзаумæттæ: сыгъдæг сызгъæ- рин æмæ нефрит, æппæты рæсугъддæр, æппæты ’ртти- вагдæр зынаргъ дуртæ. — Æз дæн Хуссар денджызы паддзахы фырт. Мæ фыд Лонг-выонг у Кæфхъуындар-паддзах. Мæ ном— Тьеу-лонг-Хау — æрыгон принц-Кэефхъуындар, — йæ- хи бацамыдта æнæзонгæ лæг.— Æрæджы ды райгас кодтай, «Выонг» бæрæггæнæн кæуыл уыд, ахæм калм. Уый æз уыдтæн. Æз мæ хæсыл банымадтон дæуæн ар- фæ ракæнын. Фæлæ хъæддзау-хосгæнæг нæ райста сызгъæрин, нефрит æмæ зынаргъ дуртæ, уымæн æмæ йæхæдæг уыд ноджы зынаргъдæр хæзна — алæмæттаг лæдзæджы хи- цау. Æрыгон принц-Кæфхъуындар уæддæр исты хуызы равдисынмæ хъавыд йæ бузныгдзинад йæ ирвæзын- гæнæгмæ. Æмæ йæ ахуыдта йæ фыды исбон æмæ дæл- доны галуан фенынмæ. Цæмæй хæларзæрдæ хосгæнæг йæ фæдыл ацæуа, уый тыххæй йын радта сыкъафын- дзы сыкъа, — уымæн йæ бон уыд уылæнтæ лыг кæнын. Йæ кæрдæгхуыз цъæх паддзахады — Хуссар ден- джызы — паддзах Лонг-выонг йæ фырты ирвæзынгæ- 7 Паддзахы мыггаджы. бæрæггæнæн. 11
нæджы иттæг зæрдиагæй суазæг кодта. Бæрæгбоны куывдтæ æмæ хъæзтытæ цыдысты æртæ боны дæргъы. Æргъæу галуанты диссаджы бæстæйы кæсæгты хæрв тæмæнтæ калдта арвырдыны æппæт хуызтæй, раст тро- пикон хъæды хæрзарæзт цъиуты сисвæлыстау. Зæронд паддзах бахаста хæдæфсарм хосгæнæгæн æцæг хæз- натæ: æппæты стырдæр æмæ æппæты лыстæгдæр цæп- пузыртæ æмæ, дæлдон науты кæй æруыгътой, ахæм би- рæ сызгъæрин æмæ æвзист æхцатæ. Фæлæ та хосгæнæг нæ бакуымдта лæвæрттæ. Ден- джызы паддзахы æппæт лæгъстæты фæстæ хосгæнæг сразы æрмæст рагон зынæвзарæн къухфыстытæ райсы- ныл — фыццагон куывдтытæ æмæ арфæты номхыгъд æмæ уыимæ раздæхт фæстæмæ зæхмæ. Хосгæнæг сæхимæ стыр зынæй бакаст къухфысты- тæ. Уыдон ын раргом кодтой кæлæнты сусæгдзинад, уыдон тыхты руаджы адæймаджы алы фæндæн дæр уыд сæххæст кæнæн. Ног сусæг тыхты кæлæн хосгæнæ- гæн фадат радта æппæты хæццæ-мæццæ хъуыддæгтæ æвзарынæн æмæ йын гом кодта уæрæх фæндæгтæ йæ хорз ракæндтытæ ноджыдæр фæфылдæр кæнынæн. Кæлæнты сусæгдзинад базонгæйæ хосгæнæг æрхæц- цæ Тхан-фуйы наулæууæнмæ, уырдыгæй араст Сырх- доны былгæрæттыл Уæллаг бæстæм, æрцæрынвæнд кæм скодта, уырдæм. Уыцы ран та уымæн равзæрста, æмæ дзы царди хæларзæрдæ хуымæтæг адæм. Иæ зæр- дæ дзы дардта, æнцад-æнцойæ кæм сагъæс кæндзæн, ахæм хибар бынат ссарыныл. Балцы рæстæджы уыдис Тханг-лонгы — рагон Ха- нойы. Фæлæ йæ уыцы горæты цæрын нæ бафæндыд. Горæтæгтæ йæм кастысты æнæуаг адæм, сæ ирхæфсæн митæ та æмткæй дæр — хæтаг митæ. 12
Горæт ныууадзгæйæ бахæццæ Фук-локмæ, уырды- гæй суыдта Тан-вьены хох йе ’ртæ цыргъфындз цъуп- пимæ. Фæндыди йæ, хохыл хуссарырдыгæй чи æрзила, ахæм фæндаг дзы куы февзæрид, уый. Фæндаг уыцы сахат фæдих кодта Вэ-донг æмæ Нам-тоаны быдыртæ æмæ схызти хохы сæрмæ. Уым хохы сæр цæстыфæ- ныкъуылдмæ сырæзт галуан, æмæ дзы æрцарди уЫцы хæларзæрдæ ад,æймаг. Арæх-иу рацыд йæ галуанæй, æрхызти-иу хохы сæрæй доны былмæ æмæ æхсызгонæй касти кæсæгты хъазтмæ. Хосгæнæг тынг бирæ уарзта æрдз. Кæмдæриддæр- иу куы ’рлæууыд — йæ уарзон Тиеу-хоангы был кæнæ хохы фахсыл — алыран дæр-иу февзæрд галуан. Куыд- дæр-иу уыцы бынат ныууагъта, афтæ та-иу галуан æрбайсæфт. Уый кæддæридæр, йæ зæрдыл дардта зæды амынд,—уый йын балæвар кодта алæмæттаг лæдзæг æмæ йæ скодта хосгæнæг, æмæ йæ дард балцыты но- джыдæр кодта хорз хъуыддæгтæ: дзæбæх кодта мæ- гуырты, фæрæуæгдæр-иу кодта хъыгзæрдæты сагъæс- тæ> æмæ йын адæм кодтой стыр кад. , Иу бон йедтæмæ кæм’ нæ цард, уыцы галуанты бынæтты адæм арæзтой фидæрттæ. * * * Уыцы рæстæджы бæстæйыл паддзахиуæг кодта Ху- анг-выонг. Йæ чызг Ми-Шо хъуыстгонд уыд йæ хæлар- зæрдæ æмæ рæсугъддзииадæй. Афтæ рауад, æмæ Хус- сар денджызы раздæры принц, уыцы рæстæгмæ ден- джызы паддзах чи сси, уый æмæ Тан-вьены хохы дæс- ны фыдуарзт бакодтой принцессæйы. Дыууæ дæр принцессæмæ усгур бацыдысты, æмæ 13
уый тынг зын уавæры сæвæрдта паддзах Хуанг-выон- джы. «Сылгоймаг иу у, усгуртæ дыууæ сты,— загъта йæхицæн. — Принцессæйы дыууæ дихы акæнæн нæй. Уымæ гæсгæ Ми-Шойы ракурдзæн, мæнæн райсом ра- джы хуыздæр лæвар чи бакæна, уый». Дыккаг бон Тан-вьены хохы хæларзæрдæ дæсны, æппæт фæндтæ сæххæст кæныны сусæгдзинад кæй зыд- та, уымæ гæсгæ æрбахаста сызгъæрин змис, хæдгуырд сызгъæринтæ æмæ сызгъæрин рыгæй седзаг къустæ, хæрзыстæм чи у, ахæм фарфор мигæнæнтæ мæйы рух- сау сыгъдæг æвзисты тад къæрттытимæ. Иннæ дурын- ты уыди зынаргъ дуртæ ’мæ цæппузыртæ. Тропикон хъæзæй быд къалатитæй зарыдысты алыхуызон сисвæ- лыст æппæты стæмдæр хæххон цъиутæ.- Æппынфæс- таг — æнæфенгæ цæрæгойтæ: фарастбарцджын бæхтæ, фарастцæвæнссырджын пылы æмæ фарастæнгуылдз- джын уасджытæ баххæст кодтой Тан-вьены хохы хæ-' ларзæрдæ хосгæнæджы диссаджы лæвар. Паддзах баз- зад тынг разыйæ йæ рæдаудзинадæй, йæ алыхуызон лæвæрттæй æмæ йын бинойнагæн радта йæ рæсугъд чызджы. Рæдау Сон-тинь (афтæ хуынд нæ хæларзæр- дæ дæсны) уыцы сахат аласта принцессæйы хохы сæр- мæ йæ галуанмæ. Денджызы паддзах æгæр афæстиат, æрæгмæ æрба- хæццæ. Уæдмæ Сон-тинь йæхи бакодта, æмбал кæмæн нæй, уыцы рæсугъд Ми-Шойы. Зын бамбарæн нæу, Хуссар денджызы тыхджын хицау куыд рафыхт фыр- мæстæй, æмæ куыд тæссаг уыд йæ маст, уый. Йæ фæндонмæ гæсгæ агъуыд дымгæтæ хъæмпыха- лау састой стыр бæлæстæ; хус сыфтæртау-иу фехстой дынджыр къæдзæхтæ æмæ-иу уыциу футтæй сæфтой хуымтæ æмæ мæгуыр цæрæнуæттæ. Тæркъæвдатæй 14
цæугæдæттæ сфынк сты æмæ акалдысты сæ былтæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, Тан-вьены хохы хæларзæр- дæ дæснымæ уыд фаг мадзæлттæ йæхи хъахъхъæны- нæн. Цæмæй йе знаджы баурома, уый тыххæй Ту-лие- мы доны сæр æрæвæрдта стыр æфсæйнаг хызтæ, фæ- лæ знаг аленк кодта æндæр доныл, Ли-няныл, Куанг- оайы къуылдымтæм куы бахæццæ, уæд та аленк кодта Хат-зангы доныл. Ахызт Люйы доныл æмæ, цæмæй, хæ- ларзæрдæ дæсны цы хохыл цард, ууыл æртыхса, уый тыххæй баирвæзт Дайы донмæ. Æмæ уæд йæ фæндмæ гæсгæ хæрдмæ фæцыдысты æмæ сæ былтæй акалдысты къададæттæ æмæ лæсæн- тæ. Мастхæссæг принц йе знагмæ кæцæй ныббырсын- мæ хъавыд, уыцы хохрæбынмæ сæхи ныццавтой змæст, æлыгæй сырх-сырхид дæттæ. Алырæтты цы æнæбын уæрмытæ сæвзæрд, уымыты бакодта йе ’ппæт дæлбар- ты—доны цæрджыты. Æппынфæстагмæ принц райдыд- та бырсын хохмæ. Фæлæ хохы цæрджытæ иу адæймаджы хуызæн сыс- тадысты сæ хæларзæрдæ хосгæнæджы хъахъхъæнын- мæ. Уый р’азамындæй дæттыл сарæзтой донмарæн- тæ,— бæрзондæй-бæрзонддæр цы дон кодта, уый бау- ромыны тыххæй. Лæбурджытыл сæмбæлд арцджын, æхсгæ æмæ хæдæхсгæ. хотыхтæй хæстифтонг æфсад. Хæларзæрдæ хосгæнæгæн æххуыс кæнынмæ рацыдыс- ты тигртæ, æрсытæ æмæ пантерæтæ. Бæлæстæ æмæ къудзитæй амадтой рæдзæгъдтæ, тыхгæнджыты фæн- даг æхгæдтой; цъист кодтой знæгты донмæ стыр дуры рæдзæгъдтæ калгæйæ. Денджызы паддзахы æфсад фæ- стагмæ æрцыдысты ссæст. Уыцы хæсты рæстæджы фе- мæхст, боны æхсæв чи фсстын кодта, ахæм æбуалгъы тæрккъæвда. Фæстæмæ та куы рарухс, уæд доны сæр 15
алырæтты ленк кодтой мард кæсæгтæ, уæртджын хæф- сытæ, алыхуызон дзаумæтты сæстæгтæ —денджызы паддзах æмæ йе ’фсады дæрæны æвдисæндартæ. Фæлæ хæларзæрдæ хосгæнæджы мæстыгæр знаг алы аз дæр тыхдымгæтьг фæзындимæ æрбаздæхы Тан- вьены хохмæ æмæ та ногæй райдайы тох кæнын, йæ рæстæджы йын хорздзинад чи сарæзта, уыимæ. Йæ уæ- лахиздзау та дарддæр дæр кæны йæ хæларзæрдæ хъуыддæгтæ.
Л и I I I III ■ КЪАМБЕЦЫ ЛЕГЕНДÆ Незаманты Хуыцау сфæлдыста зæхх æмæ йыл æр- цæрын кодта цæрæгойты æмæ адæмы. Сæ иуты дæр æмæ се ’ннæты дæр хъуыди истæмæй цæрын. Хуыцау рарвыста зæхмæ йе ’ххуысгæнæгимæ адæмæн пырындз, нартхор, еуу, хъæдур, арахис8, цæрæгойтæн та — алы- хуызон кæрдæджыты мыггæгтæ. Хуыцауы æххуысгæнæг уыд тыхджын, фæтæнуæхск, фæллад чи нæ зыдта, ахæм. Кæд бакастæй дæрзæгхуыз зынд, уæддæр уыд хæларзæрдæ, æнувыд, æрмæст рохст æмæ зондцухгомау. Хуыцау æм радта дыууæ æмхуызон тыхтоны. Иуы дзы уыд халсæртты мыггæгтæ, иннæйы та — хъæддаг кæрдæджыты мыггæгтæ. Дунесфæлдисæг бардзырд радта йе ’ххуысгæнæгæн адæмæн халсæрттæ раздæр байтауыны тыххæй, уымæн æмæ адæмы сфæлдыста сæрмагондæй йæхи æмхалдих, йæхи æнгас æмæ уыдон- ныл фылдæр мæт кодта цæрæгойтæй. 8 Арахис — китайаг æхсæр. 2 Вьетнамаг легендæтæ 17
Фæлæ дунесфæлдисæджы æххуысгæнæг фæхæццæ кодта тыхтæттæ æмæ раздæр байтыдта хъæддаг кæр- дæджытæ, æмæ разадысты æвæджиау тагъд. Цæрæгой- тæ æнцад хызтысты æгæрон уыгæрдæнты, кæрдæг сын кæддæриддæр фаг кæй ис æмæ йæ æнæуæлдай фыдæ- бонæй самал кæнæн кæй уыд, уымæй разы уæвгæйæ. Рохст æхху^сгæнæг бамбæрста йæ рæдыд, фæлæ айрæджы: халсæрттæн зæххыл бынат нал баззад. Уæ-* ларвон минæвар ма халсæртты мыггæгты бæргæ апырх кодта зæххыл, фæлæ сыл хъæддаг кæрдæджытæ уæлæ- хиз кодтой. Дымгæ та халсæртты рæзтæн фадат рат- тыны бæсты ахъаз кодта хъæддаг кæрдæджытæ фыл- дæр кæнынæн. Хуыцауы æххуысгæнæг аздæхти фæстæмæ æмæ Хуыцауæн нæ загъта, йæ рохстæй цы рæдыд фæкод- та, уый. Хуыцауиуцасдæры фæстæ фехъуыста адæмы утæх- сæн: «О дæиуыл -бæрзонддзинад, цæмæн нæ фæцух кодтай, хъæддаг сырдты уавæрæй нæ уавæр цæмæн февзæрдæр. Уыдон æнцад хизынц, тынг бирæ кæрдæг кæм ис, ахæм æнæкæрон хизæнты, мах та хъуамæ нæ- хицæн фыдæбонæй æмæ тухиты амал кæнæм хæринаг. Баххуыс нын кæн, Хуыцау! Тыхтоны уыд ставд хал- сæртты мыггæгтæ æмæ æнцон садзæн уыдаиккой, фæ- лæ сæ де ’ххуысгæнæг тагъд-тагъд æмæ тынг æнæхъо- ла апырх кодта. Мыггæгтæ алыран ныххæлиу стыæмæ уымæ гæсгæ адæм уæззау куысты рафтынц лыстæг нæмгуытæ æндæр рæтты садзгæйæ». Уæларвон хицау афарста уыцы хъæстытæй йе ’ххуысгæнæджы æмæ йын карз уайдзæф бакодта йæ рохстдзинад æмæ йæ фæлитойдзинады тыххæй, стæй йæ фестын кодта къамбец. 18
«Дæу аххосæй зæхх’ыл хæмпæлгæрдæг фылдæр ис халсæрттæй. Амæй фæстæмæ ды цæрдзынæ, адæйма- джы чи нæ хъæуы, æрмæст уыцы кæрдæджытæй. Дæ- уæн нæй падди хæрыны бар». Гъеуымæн фæцух кодта Хуыцау къамбецы уæллаг дæндæгтæй, гъеуымæн нæу йæ бон къамбецæн нæмыг хæрын. Æрвон минæвары аххос ма уыди уый мидæг, æмæ йæ рæдыдæй адæмыл уæззау куысты уаргъ баф- тыдта. Уымæ гæсгæ Хуыцау къамбецæй скодта зæхку- сæджы ’ххуысгæнæг йæ уæззау куысты. Аххосджын кæй у, уымæ гæсгæ адæм къамбецы су- рынц дардмæ пырындзы хуымтæй. Фæлæ адæймагæн ацы хæларзæрдæ æххуысгæнæджы не ’мбæлы ’фхæрын. Алыхатт дæр зæрдыл дарын хъæуы: къамбецы фыд- уынд хуызы æмбæхст ис Хуыцауы æнамонд æххуысгæ- нæг, уый йæ рохст æмæ æнæмæтдзинады тыххæй цæ- рæнбонтæм хæссы æфхæрды уаргъ.
АДÆЙМАГ ÆМÆ СЫРД Уый æрцыди тынг раджы, сырдтæ ма дзурын куы зыдтой, уæд. Æрыгон зæхкусæг ныууагъта йæ куыст пырындзы хуымы. Йæ зæххы хайы раз цы дынджыр бæлас уыд, уый аууон æрбынат кодта æмæ систа йæ сихор—фых пырындз. Пырындзы мигæнæны бæсты йæм уыди паль- мæйы сыфæй æнгом фæлмæн къопп. Къамбец дæр хордта, пырындзы хуымтæ чи хицæн кодта, уыцы ауæдзы кæрдæг. Куы бафсæст, уæд схуыс- сыд бананты къохы аууон ран æмæ æнцад йæхицæн сы- нæр цагъта. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу батылдта йæ сæр къæйных бындзыты сурынмæ; стыр цæрæгойы тæф сæ здæхта йæхимæ, æмæ æнтæфы кодтой ноджы тызмæг- дæр. Уæды заман къамбецæн дæр иннæ цæрæгойтау дæ^дæгтæ зади йæ дыууæ ’фсæрыл. Æвиппайды йæм дымгæйы футт æрбаскъæфта тиг- ры тæф. Къамбец йæ хъустæ фæхъил кодта, фестади
æмæ цавддурау фæци йæ бынаты; йæ бырынкъ сивæз- та хæрдмæ, йæ сыкъатæ аппæрста фæстæрдæм. Уалынмæ фæзынди тигр. Къæмбецмæ бацæугæйæ загъта: — Æз знаджы цыд не ’рбакодтон. Мæн фæнды ком- коммæ дæу цæмæйдæрты бафæрсын. Æз дæ алыхатт дæр фæхъахъхъæнын, æрмæст афтæ, æмæ мæ ды нæ фæуыныс. Ацы зæххы гæбазы алыварс цы бæзджын къудзитæ зайы, уым бамбæхсгæйæ æз мæ цæст дарын диссаджы нывмæ — уæ иумæйаг куыстмæ. Уый куыд цæуы? Адæймагæн, уыцы гыццыл дыкъахыг цæрæ- гæн — стыр тых, дарддзæстдзинад, æмбудындзинад кæмæ нæй, цыбырдзырдæй, æппæты æрдзондæр миниу- джытæй цухгондæн — йæ къухы æфты дæуæн раза- мынд дæттын, йæхицæн дæ кусын кæны. Ды уымæй дæс хатты стырдæр куы дæ, тыхджындæр, рæвдздæр æмæ фæразондæр. — Раст зæгъгæйæ, уымæн æз ницы зонын,— дзуапп радта хæларзæрдæ æмæ гуымиры къамбец. — Куыд- фæнды ма уæд, мæнæн мæ бон нæу йæ дæлбарæй фер- вæзын. Æз зонын уый, æмæ йæм кæ& ис диссаджы хæз- на, хоны йæ зонд. — Бацæуын æм хъæуы æмæ бафæрсын: уый цавæр дзаума у,—дзырдта дарддæр тугдзых,—уымæн æмæ æз уыцы зонды хицау куы уаин, уæд дарин мæ дæлбар иннæ цæрæгойты, æмæ мын уаид тынг æнцон. Хъæды холы агурын, лыстæг сырдты фæдыл зилыны бæсты-иу сын сæ бынæтты æнæзмæлгæйæ баззайыны бардзырд раттин æмæ-иу уæд æйпындæр нæ бафæллаин, афтæ- мæй мæхицæн æнцад-æнцойæ цæл кæнин. Суанг ма-иу мæ бон уаид, цавæр мæ фæнда, ахæм нард цæрæгой равзарын дæр. 21
— Цы гæнæн ис! — сразы къамбец.—Цу æмæ уый тыххæй адæймагæн йæхи бафæрс. Тигр фæфæнд кодта, бацыд зæхкусæгмæ æмæ йæм бадзырдта: — Дæ бæрзонддзинад, æз дынджыр, тыхджын æмæ цæрдæг дæн, фæлæ ма мæ фæндид, ноджы фылдæр мæм куы уаид, уый. Мæнæн дзырдæуыд, зæгъгæ, дам, дьг дæ, зонд кæй хонынц, уый хицау æмæ уый фæрцы бар- дариуæг кæныс æппæт цæрæгойтыл. Мæнæн иугыццыл нæ ратдзынæ дæ зондæй? Уый мæн тынг æхсызгон хъæуы. — Бахатыр кæн,— загъта йын лæг. — Æз мæ зонд нæхимæ ныууагътон, зæххы куыст куы фæкæнын, уæд мæ ницæмæн фæхъæуы. Фæлæ йæм ныртæккæ ныууай- дзынæн. — Æз дæр демæ ауайон? — Ды ам куы баззаис, уæд хуыздæр уаид! Науæд хъæуы цæрджытæ фæтæрсдзысты, æрæмбырд уыдзыс- ты иумæ æмæ дæ амардзысты. Банхъæлмæ кæс мæн- мæ, æз дын, цы агурыс, уый мæхæдæг æрбахæсдзы- нæн.—Уыйадыл зæхкусæг цалдæр къахдзæфы акодта, стæй фездæхт сагъæсхуызæй: — Мæ зæрдæ дæм æхсайы. Ам куы нæ уон? уæд дæм мæ къамбецы хæрыны фæнд куы æрцæуа. Уый та мæ кусæгæмбалæн æнæмæнг хъæуы. Æмæ мын чи цы ратдзæн уæд? , Тигр цы дзуапп радтаид, уый нæ зыдта. Уæд зæх- кусæг дарддæр дзырдта: — Кæд ныхмæ зæгъинаг ницы дæ, уæд дæ æз мæнæ ацы бæласмæ бабæтдзынæн. Афтæ æнæзæрдæхсайгæ- дæр уыдзæн. Тигр сразы, тынг æй фæндыди, уыцы нымæхст зон- 22
дæй уæд та ма иу муры хицау куы уаид, уый. Лæг æй бæндæнтæй фидар сбаста дынджыр бæласмæ æмæ атагъд кодта сæхимæ. Сæхицæй æрбахаста хъæмп, æрытыдта йæ бæласы алыварс æмæ йæ ссыгъта. — Гъеуый та дын мæ зонд! ч Тугдзых афтæ ныббогъ кодта, æмæ хъæд æмризæ- джы ныррызт: стæй фырадæргæй лæгъстæ кæнынмæ фæци, хатыртæ курын райдыдта. Лæг нæ райхæлдта бæндæнтæ. Тигр цæхæр арты йæ гæндзæхтæ цагъта. Лæг æм каст æмæ худти. Къамбец дæр уыцы нывмæ кæсгæйæ худынмæ фемæхсти. Иурæстæг фырхудтæй афтæ ныррызти, нызмæлыд, æмæ йæ фарсмæ цы егъау дур лæууыд, ууыл йæ сæр ныццавта, асаста йæ уæллаг дæндæгтæ иууылдæр. Уыйадыл къамбецæн дæндæгтæ нал разади. Тигр та, бæласмæ цы бæндæнтæй баст уыд, уыдон куы ссыгъдысты, уæд феуæгъд æмæ рыст æмæ мæстæл- гъæдæй йæ сæр пыхсы фæцавта æмæ фæтары пыхсы- тыл йæ къуымбилы бындзыгтæ æмæ судзгæ хъæмпы- хæлттæ уадзгæйæ. Тигры фæрстыл мыггагмæ баззадысты арты фæд- тæ сау тæлмытæй.
БАНЬ ЗЭЙ ÆМÆ БАНЬ ТИНГЫ» ЛЕГЕНДÆ Паддзах Хуанг-выонг VI æххæст æмæ амондджын цард фæкодта. Уыдис ын бирæ фæстагæттæ — уыд дыууæ æмæ ссæдз сывæллоны фыд. Хæрззæронд пад- дзах æнцойдзинадмæ цæуынвæнд куы скодта, уыцы рæстæг æрцыд. Хуанг-выонг йæ паддзахы бадæн æмæ паддзахады хъуыддæгтæ хъуамæ раттаид йæ фырттæй иуæп. Цæмæй йæ бирæ фæстагæттæй равзæрстаид тæккæ аккагдæры, уый тыххæй сын хъуамæ сарæзтаид фæл- варæн, уый руаджы рабæрæг уыдаид фидæны паддза- хы лæджыхъæд. Æмæ сфæнд кодта йæ фыртты дард балцы арвитын. Зæронд цаддзах йæ фæстагæттæн сегасæн дæр балцы нысан сбæрæг кодта афтæ: «Фæцæут, æрзилут æгас дунетыл. Агурут æцæгæлон бæстæты æппæты 9,Бань ззй æмæ Бань тинг — вьетнамаг бирæнымæц хæри- нæгты астæу сты æппæты зындгонддæр, кæнынц сæ пырындзазй. 24
хæрзаддæр хæринæгтæ. Базонут, куыд сæ цæттæ кæ- нынц, уый. Афæдзы фæстæ æппæты хуыздæр хæринаг куыд цæттæ кæнынц, уый чи базона, æмæ мæм уыимæ чи ’рбацæуа, уый сбаддзæн паддзахы къæлæтджыны». Лæппутæ араст сты балцы. Алкæимæ дæр йæ ном æмæ йæ кармæ гæсгæ цыд фæсдзæуинтæ. Æрмæст ма æхсæрдæсаздзыд принц Ланг-Лье баззад сæхимæ,— йæ зæрдæ ницæуыл дардта лæппу, æгæр раджы баззад æнæ мадæй, нæ йын уыд нæ фæсдзæуинтæ, нæ уынаф- фæгæнджытæ æмæ алцы кæнын дæр сахуыр йæхæдæг. Æрыгон кæй уыд, уымæ гæсгæ йæм царды ницы уый- бæрц фæлтæрддзинад уыд. Куыд хъуамæ бауа йæ бон йæ фыды фæдзæхст сæххæст кæнын? Йе ’фсымæртæй алчидæр йе ’ххуырстытимэе фæндагыл куы цыд, уæд Ланг-Льс та йæ уаты иунæгæй æнкъард сагъæсты аныгъуылд. ; 1 .Иухатт изæрæй æрыгон принц йæ мæстæлгъæд хъуыдытæй ныффæллайгæйæ тарф фынæй аци. Фыньт йæм зин фæзынди æмæ йын загъта: «Æз зонын, ды цæ- уыл сагъæс кæныс æмæ дæ цы маст æфхæры, уый. Уы- мæ гæсгæ сфæнд кодтон дæуæн баххуыс кæнын. Ды зо- ныс, пырындз кæй у адæмы ахсджиагдæр хæринаг. Райс æндæдзаг пырыпдз, ныккæ йыл фыцгæ дон, скæн дзы тымбыл, арвы хуызæн лауыз æмæ йæ арты тæвд- мæ сфыц. Уымæй ды раарфæ кæндзынæ арвæн ме ’ххуысы тыххæй. Уыйфæстæ сцæттæ кæн цыппæрди- гъон лауыз. Куыд зоныс, афтæмæй зæххæн дæр ис цыппар тигъы10. Лауызы бакæн хост хъæдур, хуыйы фиу, дзидза æмæ хъæдындзтæ. Уый уыдзæни зæххы цæрæгойты æмæ зайæгхæлтты нысан. Лауызы батух 10 Рагон заманы вьетнамæгтæ æнхъæлдтой, зæгъгæ, арвæн ис тыппыр, тымбыл джипп, зæххæн та — цыппæрдигъон. 25
банан бæласы сыфты æмæ йæ хорз сфыц æхгæд мигæ- нæны. Уыцы хæрзад лауызтæ — иу—арвы хуызæг, ин- нæ — зæххы — бахæсс паддзахмæ, дæумæ æмæ де ’фсымæртæм йæхимæ куы фæдзура, уæд. Дæхи ма ауадз æмæ дын æз куыд загътон, афтæ кæн». Уыйадыл зин æрбайсæфт. Принц бахъуыды кодта йæ хæрзгæнæджы уынаффæ æмæ дыккаг бон райсомæй раджы райдыдта хъуыддæгтæ аразын. Йе схæссæг зæ- ронд усæн радзырдта йæ сусæгдзинад æмæ уый æххуы- сæй ссардта, цыдæриддæр æй хъуыд, уыдон. Æрыгон Ланг-Льейæн райдианы йæ хъуыддагæй ницы уади, фæлæ фæстащæ фæгæрз и, æмæ йæм разынд хæринаг кæныны стыр дæсныйад. Уайтагъд фæцахуыр хæрзад лауызтæ кæныныл. Бамбæрста: ныр æнцад æнхъæлмæ кæсын йæ бон кæй у, зæронд паддзахы кæд бафæнд- дзæн йæ фыртты æмбырдгонд ног хæринæгтæй ацахо- дын, уыцы бонмæ. Ралæууыд, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уы- цы бон. Ланг-Лье æмæ йе ’фсымæртæ æрлæууыдысты сæ фыды раз. Галуаны егъаудæр уатмæ æрæмбырд сты адæм, уым фæзындысты æппæты алыхуызондæр, æп- пæты стæмдæр æмæ æвзаргæдæр хæринæгтæ, ныронг зонгæ дæр кæй нæ кодтой, ахæм дыргътæ, дард ден- джызты кæсæгтæ, басгæрдджытæ æмæ будтæфгæнаг хойрæгтæ. Паддзах се ’ппæтæй дæр радыгай ахуыста æмæ фарста иннæты дæр сæ фæндæттæй, уымæн æмæ уыдон дæр зæрдæскъæфт кодтой æнæзонгæ хæринæгты адæй. Æппынфæстаг Ланг-Льейы пырындзы лауызты рад дæр,æрцыд. Паддзахы зæрдæмæ фæцыд сæ ад, дисы йæ бафтыдта сæ джиппыуагъд дæр: иу лауыз дзы уыд ар- вау тымбыл, иннæ та — зæххау цыппæрдигъон. Зонд- 26
джын паддзах ма ноджы бафиппайдта, зæгъгæ, иннæ хæринæгтæ зынаргъ сты æрмæст уымæн, æмæ дардæй ласт кæй сты, стæй тынг стæм нæ бæстæйы. Фæлæ йæ адæмæн царды ницы хъæугæ æххуысдзи- над дæттынц. Уыимæ Ланг-Льейы лауызтæ та йæ бон скæнын у йæ бæстæйы алы адæймагæн дæр. Уæд Ланг-Льейы бафарстой, куыд æрхъуыды кодта ахæм лауызтæ, уымæй. Уый дисы бацæуæг адæмæн ра- дзырдта йе ’нæнцой æнæхуыссæг æхсæвты удуæлдай тухитæ æмæ уæле ратгæ диссаджы æххуысы тыххæй. Уый ма радзырдта хæларзæрдæ зины рухс фæзынды тыххæй æмæ сын йæ уынаффæтæ рафæзмыдта. Пад- дзах стыр дисы бацыд уыцы хабарæй æмæ ахъуыды кодта, зæгъгæ, уый у æппæты уæлдæры уынаф.фæ, æмæ зæгъы, æрыгон принцæн паддзахадон хъуыддæгтæ аразгæйæ æххуыс кæндзæн æрвон уæлкурдиат. Паддзах ма иу хатт радзурын кодта йæ фыртæн ла- уызтæ кæныны хъуыддаг æмæ бардзырд радта йæ дæл- бартæн уыцы амынд вьетнамаг адæмыл ахæлиу кæны- нæн. Зæронд паддзах тымбыл Лауызы схуыдта «Бань- зэй», цыппæрдигъоны та —«Бань-тинг». Уыйфæстæ, раздæры уынаффæмæ гæсгæ, фыд паддзахы бадæн æмæ æппæт паддзахадон хъуыддæгтæ радта йæ фырт Ланг-Льемæ. Уæдæй фæстæмæ вьетнамы адæм афæдзы алы фæ- стаг мæйы æмæ ног азы — «Тэта»-йы бæрæгбонты кæ- нынц уыцы лауызтæ. Уæлдай тынгдæр адæм уарзынц «Бань-тинг». Уыцы уарзтæй æвдисынц сæ бузныгад зæхмæ, уымæн æмæ зæхх сæ дарæг у афæдзæй афæдзмæ. 27
АРЕК ПАЛЬМÆ, БЕТЕЛГЬ ÆМÆ ЧЪЫРДУРЫ АРГЪАУ Хуанг-выонг 1У-ы паддзахдзинады рæстæджы цар- дысты дыууæ æфсымæры Тан æмæ Ланг. Уыдон уыды- сты тынг рæсугъд, бынтондæр æмхуызæттæ æмæ уы- мæй дисы æфтыдтой æппæт адæмы дæр. Æфсымæртæ уыдысты стыр хæлæрттæ. Сидзæрæй раджы баззады- сты. Адæм сæ хицæнтæй никуы федтой æмæ сæ ра- хуыдтой «сиамаг фаззæттæ». Цæмæй сæ ныййарджы- ты фæдзæхст баххæст кодтаиккой — райстаиккойхъо- мылад æмæ ахуырад—уый тыххæй сфæнд кодтой зонд- джын лæг бацагурын. Сæ амонд сæ бахаста Лыуты мыггагæй иу дæсны лæгмæ. Уыцы мыггагæй уыд йæ рæсугъддзинадæй æппæт бæстыл хъуыстгонд чызг дæр. Уый уыди лæппутьг цахъхъæн. Уыдис ын фениксы сисы æнгæс цæстытæ æмæ зæлдагхуыз рæсугъд къæлæт æрфгуытæ.- Рæсугъд чы^г бауарзта лæппуты æмæ йæ ’рфæндыди хистæрæй смой кæнын. Фæлæ сæ чи хистæр у? Чызг уыди хъæз- дыг бинонтæй, хæрзæгъдауыл ахуыр æмæ уымæ гæсгæ 28
йæ бон нæ уыд, æфсымæртæй чи хистæр у, уый бафæр- сын. Уæд хæрын афон йæ цæст дарын райдыдта æры- гон лæппутæм æмæ бафиппайдта, сæ иу иннæмæ кæй балæвæрдта пырындзхæрæн къæцæлтæ. йе ’взæрст сæ кæцы у, уый йын сбæлвырд. Чызджы хæстæджытæ уы- цы хъуыддагыл сразы сты æмæ тагъд рæстæджы арфæ ракодтой ног бинонтæн. Ланг тынг цин кодта Таны амондыл. ^ Фæлæ рæсугъд усы уарзондзинад æмæ рæвдыд аф- тæ тагъд фæуæлахиз сты Таныл, æмæ ферох кодта йе ^фсымæры. Мæгуыр Лангæн уый фæци масты хос. ♦ Æгасæй дæр йæхи амонды аныгъуылд Тан, Ланг дзы бынтондæр ферох, æмæ уæд уый дæр сфæнд кодта æдзæрæг быиатмæ фæлидзын, йæ зæрдæйы хъæдгæмт- тæ сдзæбæх кæнын. Ацыди æгуыппæг дард ранмæ, рай- сомы сæуæхсид куы нæма фæзынд, уæд. Хъæды тар .æмæ йæ сæууон мигъ æрбайстой сæ хъæбысмæ. Æнæ- рулæфгæйæ бирæ фæцыди æмæ фæстагмæ бафтыд до- ны былмæ. Ланг мæстæй уыйас зæрдæхæлд фæци, жмæ ма суанг йемæ хæринаг рахæссыныл дæр нæ ахъуыды кодта. Фæллад æмæ æххормагæй ахауди, йæ -фæндаг ын цы дон æрæхгæдта, уый был. Знæт цæугæ- дон уыди арф æмæ фæтæн. Лæппу цы кодтаид, уый нæ зыдта. Йæ хъару асаст. Бирæ фæкуыдта судзгæ цæс- •сыгтæй æмæ амард уым æмуырдыг былыл. Арв зоны æппæт адæмы хъизæмæрттæ æмæ циндзи- нæдты тыххæй... Йе ’фсымæры æгæр кæй уарзта, æмæ уыцы уарзондзинадæй кæй амард, уый тыххæй хуыцау скарста æмæ рахаста йæ фæндон: лæппу уыцы æдзæ- рæг ран фестад айнæг къæдзæх. Тан ма уæддæр сыгъди йæ усы уæздан монцтæй. ’Фæлæ уыцы монцтæн дæр æнæкæрон уæвæн кæм уыд, 29
æмæ иуафон йæ зæрдыл æрлæууыд йæ кæстæр æфсы- мæр. Нæдæр лæггадгæнджытæ, нæ уазджытæ, нæ сы- хæгтæ, нæ хъæуы цæрджытæ — ничи йæ федта цалдæр боны, ничи зыдта, кæдæм ацыди, уый. Тан бамбæрста, йе ’фсымæры хъысмæты тыххæй дзуапп кæй дæтты,: бамбæрста, уый раз аххосджын кæй у. Йе ’фсымæр куы никæцæй зынд, уæд Тан йæхи тынгæй тынгдæр* хордта фæсмонæй. Иурайсом, йæ рæсугъд ус ма фынæй куы кодта, уæд Тан йæхæдæг араст йе ’фсымæры агурынмæ. Алы гæ- зæмæ фæдмæ дæр лæмбынæг кæсгæ цыди, хъахъхъæд- та, йæ цæс’т кæдæм уыдта, уырдæм. Уæгъды хъæр код- та йæ ’фсымæрмæ йæ номæй. Сыбыртт дæр никуыцæй хъуыст! Цалдæр боны Тан цыди æнæрулæфгæйæ, æнæ- хуыссæгæй. Тыхсти æххормагæй, сагъæс та йын йæ- фæлладыл æфтыдта. Бынтондæр бастади. Иунæгæй бæрзонд фæцæуæг къæдзæхмæ тыхамæлттæй сбырыд уырдыгæй исты феныны охыл. Уый уыди йæ фæстаг бæллйц. Иæ тыхтæ баихсыдысты. Фырфæлладæй ахауд къæдзæхыл æмæ амард. Арв æй фестын кодта хæрз- конд æмæ тасаг рæсугъд арек пальмæ вееры хуызæн стыр цъæх сыфтимæ. Хæдзары Таны ус æнкъардæй хъуыдытæ кодта йæ лæджы сæфтыл. Æппынфæстаг бамбæрста, йе ’фсы- мæры агурæг кæй ацыд, уый. Æнахуыр тасы уацары бахаугæйæ араст ис йæ уарзон мойы агурæг. Уымæ дæр æнхъæлмæ касти æфсымæрты хъысмæт: фæллад, æххормаг æмæ иунæг уды хъынцъым æвирхъау æрдзы астæу. Æхсæв—хъæддаг сырдты ницæмæ даргæйæ, бон—уыцы æнтæфы,—цыди æнæрынцойæ хæхты æмæ кæмтты сæрты. Æмæ та ууыл дæр фæллад æмæ æххор- маг фæуæлахиз сты. Сылгоймаг бахæццæ зыбыты иу- 30
нæг къæдзæхмæ æмæ йын йæ цъуппыл суыдта цъæх пальмæ. Пальмæйы сыфты цъæх тæмæн æй йæхимæ æлвæста, схылди, Ланг æмæ Тан кæм амардысты, уы- цы бынатмæ. Йæ æнæбон къухтæй хæрзконд арек пальмæйы æрбахъæбыс кæнгæйæ ацархайдта сысты- ныл, фæлæ йыл уыцы рæстæджы фæуæлахиз мæлæт. Арв æй фестын кодта лианæ, бетель лианæйы улæфты æнусмæ баззад йæ фæстаг змæлд. Афтæ уарзгæйæ амардысты æртæйæ дæр. Цасдæр рæстæджы фæстæ иу зæронд лæг, йæ зонд æмæ йæ хæрзуагæй зындгонд, фехъуыста дыууæ æфсы- мæры æмæ сæ иуы усы хабæрттæ, стæй сæ фесæфты тыххæй, йæ зæрдæ тынг фæрыст, æмæ уыцы æнамæнд- ты кадæн уым сарæзта галуан. Сарæзта йæ æфсымæр- ты æмзæрдæдзинад æмæ æмкъайады иузæрдыгдзи- нады кадæн. Уыцы рæстæджы Вьетнамы райдыдта стыр хус рæ- стæг. Иууыл зайæгойтæ дæр бахус сты, æрмæст ма раздæрау цъæх дардтой диссаджы арек пальмæ æмæ йæ алыварс стыхсæг лианæ-бетель. Паддзах Хуанг-вы- онг йæ бирæ фæсдзæуинты къордимæ араст ис Æмзæр- дæ æмæ Æмкъайдзинады галуанмæ уыцы диссаджы зайæгойтæ фенынмæ. Паддзахы æрбацыдмæ дыууæ зайæгойы ноджыдæр фæхъæддыхдæр æмæ фæрæсугъд- дæр сты. Æппæт дунейы хурсыгъд æрдзмæ кæсгæйæ куыд диссаг уыди уыцы зайæгойты цардæгас хуыз уы- нын! Уый стыр дисы бафтыдта паддзах æмæ йæ фæс- дзæуинты. Хуанг-выонг ракуырдта бетелы сыфтæ æмæ арек пальмæйы æхсæртæ. Йæ комыдоны æртах æрхауд чъырдур къæдзæхыл, æмæ уыцы бынаты чъыр æртти- ваг сырх аци. Раст уыцы рагон заманæй фæстæмæ бетелы сыф- 31
тæй адæм пайда кæнын райдыдтой хæринагæн. Уæдæй фæстæмæ фæзынди уарзæттæн сæ фидыды, стæй сæ чыидзæхсæвы рæстæджы бетелы сыфтæ лæвар кæнын. Арек пальмæ, бетель æмæ чъыр — уыдон сты æнустæм уарзондзинады æмæ æмкъайады иузæрдиондзинады нысан. Лæппуты æмæ чызджыты æхсæн дæр сфидар ис кæ- рæдзийæн бетелы сыфтæ лæвар кæныны æгъдау—уар- зондзинады фыццаг нысан. Адæмон æмбисонд дзуры: «Бстелы сыф — алы ныхасы райдиан». Æмæ арæх уы- цы ныхас æцæгæй æркæны уарзондзинад æмæ бæл- лиццаг æмкъайадмæ.
ГАЛХÆФС ÆМÆ КЪÆВДА Уый уыди тынг раджы, дунейыл адæм куы нæма фæзынд, уæд. Æнæхъуаджы тыхджын хус рæстæг скод-: та зæххыл. Цæрæгойтæй йæ зæрдыл ничи дардта ахæм хус заман. Ныссур сты дæттæ, бахус сты зайæгойтæ, фæлæ ма хур уæддæр æндæвта змисджын быдыртæ, тæвд кодта сырхзынг къæдзæхтæ. Мард кæсæгтæ ленк кодтой цад- ты уæлцъарыл, цæдтæ та бонæй-бонмæ сысыдысты æмæ-иу сæ рауад гыццыл кулгæндтæ хъарм донимæ. Æгъатыр дымгæтæ зæххæй истой рыджы мигътæ, æмæ уыдон дæр къахтой цæрæгойты цæстытæ. Кæрдæг æр-: байсæфт — нал уыди хæринаг, бур-бурид къудзитæй фесæфтысты саскътæ. Тæвд дымгæ хаста дардмæ, æдзард фæныкхуыз быдырты фæтæнтæм бæлæсты фæ- стаг хус сыфтæртæ. Зæххыл цæрджытæн се ’ппæтæн дæр æрцыд кæрон, æмæ цæрæгойтæ иууылдæр æмбæр- стой: сæхицæн æмæ сæ фæстагæттæн сындæг, фæлæ 3 Вьетнамаг легендæтæ 33
жнæфæивгъуыйгæ мæлæтæй тас кæй у, уый. Бирæ дзы мæлгæ дæр акодта. Галхæфс йæхи æмæ йæ гыццыл бинонты хъысмæ- тыл сагъæсы бацæугæйæ йæ ныфс бахаста Арвы ныхмæ сыстын. Йемæ акодта Рувас, Арс æмæ Тигры. Бæлц- цæттæ иу стъалыйæ иннæмæ гæпгæнгæ фæстагмæ схæццæ сты уæларвон паддзах Пьен-Дины дуармæ. Стæры цæуджыты амидингæнæг—Галхæфс—разæй баЦыд дынджыр дуармæ, иннæтæ лæууыдысты фæ- стæдæр. Дуарыл уыд дзæнгæрæг ауыгъд. Галхæфс æй ныц- цагъта. Уайтагъд байгом дзæнæты дуар, æмæ дзы ра- каст Хуыцауы фæсдзæуин, цы хабар у, уый базонын- мæ. Фыццаг ницы федта, фæлæ уалынджы йæ къæхты бын рахатыдта хæрзгыццыл фыдуынд цæрæгойы, æга- сæй дæр æмбæрзт уыд бызычъитæй, йæ цæстытæ—тым- был, рахауынæввонг, къæхтæ—цыбыр æмæ зылынтæ. чУый уыди Галхæфс. Фæсдзæуин уайтагъд фехъусын кодта Арвы хица- уæн, уæларвон паддзахады æнцойдзинад бахъыгда- рынмæ йæ ныфс чи бахаста, уыцы æлгъаг ницæйаг сконды тыххæй. Уыцы цъаммар фæлдысты къæйных мимæ смæсты Арвы хицау æмæ æнæхуынд уазæджы ныхмæ рарвыста уасджыты къорд. Фæлæ сæм Галхæфс бауагъта Рувасы, æмæ сын уый уайтагъд аккаг фæци. Уæд Арвы хицау Рувасыл сардыдта куиты ’рдонг. Рувасы тæфмæ куитæ хъæрæй рæйгæ сæхи размæ ап- пæрстой. Галхæфс Рувасы аирвæзын кæнынмæ арвыс- та Арсы. Гуымиры богал дзы цалдæр куыдзы атыдты- тае кодта, æрдонгæй ма чи аззад, уыдоны та лидзæг ’фæкодта. Хъуыддаджы ахæм фæзылд уæларвон кæрты сæв- 34
зæрын кодта маст, æмæ Арвы хицау уæлахиздзау Ар* сы ыыхмæ ракодта тыхджын æмæ фæдтæрд салдæттьг æфсад — Тьен-Дины хъахъхъæнджыты. Фæлæ Гал- хæфсы бардзырдмæ — салдæттæй йæ хъуыды дæр ни- чи ’ркодта йæ гыццыл асмæ гæсгæ—тохы быдырмæ фæзынд балцы цыппæрæм архайæг — Тигр. Тигры æвиппайды фæзынд салдæттæм сонт тас февзæрын кодта, æмæ сæ тых-сæ бонæй лидзынмæ фесты фæстæ- мæ Тьен-Динмæ. Арвæн ницыуал уыд йæ бон. Галхæфс бацыд Арвы хицауæн йæхимæ æмæ йын радзырдта хус рæстæджы тыххæй, зæхх гæныстон кæй баци, æмæ тæссаг кæй у æппæт цæрæгойты æмæ сæ фæстагæтты цардæн. Гал- хæфс æрдомдта, цæмæй æвæстиатæй уыцы тæссаг æр- дзон "азарæй фервæзын кæна зæххы. . Галхæфсы ра- дзырдмæ байхъусгæйæ Арвы хицау бардзырд радта Авдсæрон калмæн — къæвдаты бардуагæн — рагæй кæмæ æнхъæлмæ кæсынц, уыцы къæвдатæ зæхмæ нырвитын. Уайтагъд фемæхсти фæрнæйдзаг тæрккъæвда, æмæ дойныйæ мæлæг зæхх бафсæста йæхи. Ногæй та раз- дæрау азгъордтой суадæттæ, ракалдысты чысыл æмæ стыр дæттæ, цæдтæ байдзаг сты. Æрæджы дæр ма æдзард цы быдыртæ уыдысты, уым фæзынди цæхæра- гæрдæг, райхæлдысты бæлæсты къуыбыртæ, æмæ та æрдз нæуæгæй йæ цъæх дарæс скодта. Зайæгойты фæ- зындимæ ногæй райгас сты æппæт зæххон цæрæгойтæ. Цæмæй ахæм курдиатимæ зæххы цæрджытæй Арв- мæ æндæр мачиуал цæуа, уый тыххæй Арвы хицау Гал- хæфсæн загъта: «Амæй фæстæмæ сымах æмæ уе ’мбæлтты нал бахъæудзæн ахæм дард балцыты цæуын. Кæд ма искуы зæххыл скæна хус рæстæг, фыдбон кæ- 35
:мæй бавзæрстат, ахæм, уæд-иу æнæгæдыйæ сбадут зæххыл æмæ фæдзурут мæнмæ. Мæ фæсдзæуин уæ фехъусдзæн, мæнмæ фæхабар кæндзæн, æмæ та уын æз арвитдзынæн къæвдатæ. Уыцы рагон заманæй фæстæмæ Галхæфсы байзæд- дæгты схуыдтой Арвы мадыхотæ, æмæ уыдон дæр сæ хъæрахстæй хъусын кæнынц Арвы хицауæн, зæххы къæвда хъæуы, зæгъгæ.
ТАМ ÆМÆ КАМЫ АРГЪАУ Тханг-Лонгы алфамбылай цардысты æмæ уыдыс- тьг хъæздыгцæрæг зæхкусæг бинонтæ. Ус æмæ лæг цардысты кæрæдзи æмбаргæ, кæрæдзи уарзгæ. Рай- гуырди сын чызг æмæ сын сæ сабыр цард баххæст код- та стыр циндзинадæй. Схуыдтой йæ Там, ома пырын- дзы мур. Фæлæ уыцы амонд бирæ нæ ахаста. Куыддæр Та- мыл æртæ азы сæххæст, афтæ амард йæ мад. Фыд раз- дæр тынг маст кодта, йæ къай йын фырт кæй нæ рад- та, ууыл. Æртæ азы фæстæ ног ус æрхаста. Фыдыус хæлар уыди Тамимæ. Лæг разы уыд, ахæм рæстмæ æвзæрст кæй фæци йæ бинойнаг, ууыл, фæлæ дыккаг чызджы райгуырдæй фыдæнхъæл фæци. Кæс- тæры схуыдтой Кам, ома пырындзы ’хсæдæн. Цасдæр рæстæджы фæстæ фыд фæрынчын æмæ амард. Кам куы рацгуырд, уæд фыдыус бынтондæр аивта йæ зæрдæйы уаг Таммæ. Чызг уæлдай тынгдæр бан- къардта йæ иунæг йæ фыды амарды фæстæ. Фыдыус 37
кодта æрмæст йæхи чызджы мæт. Там та фæстагмæ сси лæвар лæггадгæнæг. Сау куыст иууылдæр уый кодта, хæринаг та йын нæ лæвæрдтой, йæ дарæс дæр уыд*быз- гъуыртæ. Уыйхыгъд йæ хо та цард буц æмæ æфсæстæй. Рæстæг цыд, дыууæ чызджы байрæзтысты. Там кæд уæззау цард кодта, уæддæр уыд тынг рæсугъд. Уыди куыстуарзаг æмæ хæларзæрдæ, æппындæр ницы маст дардта Каммæ æмæ йæ тызмæг фыдыусмæ. Кам уыд тынг æвидыц. Сывæллонæй фæстæмæ са- -хуыр тæргæйттыл, æдзухдæр архайдта, цæмæй йын йæ алы фæнд дæр æххæст кодтаиккой. Уыимæ ма уыд тынг зивæггæнаг, цыбырхъуыр, загъдæргом æмæ хæ- лæггæнаг. Фыды амарды фæстæ фæци сæ хъæздыг цард дæр, æхцахъуаг æййафын байдыдтой. Иухатт райсомæй раджы мад арвыста чызджыты, донивылды фæстæ кæсæгтæ, крабтæ æмæ креветкæтæ кæм баззайы, уыцы пырындзы хуымтæм. Кæсагахсæн- тæй ифтонг дыууæ чызджы абухын райдыдтой пырын- дзы хуымты ивæзаг лакъоны. Фылдæр кæсаг сæ чи ’рцахса, уымæн фыдыус зæрдæ бавæрдта сырх зæлда- гæй рæсугъд хъуырбæттæн балæвар кæнын. Там рæвдз февнæлдта æмæ æмбисбонмæ, сæхимæ здæхын афон- мæ, йæ къалати айдзаг кодта кæсæгтæ, крабтæ æмæ креветкæтæй. Кам та фылдæр сатæджы бадти æмæ æр- цахста дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр цалдæр кре- веткæйы. Фæлæ Камы æппындæр нæ фæндыд, сырх хъуыр- бæттæн Тамы фæуа, уый, æмæ ауæзты цурты куы фæ- цæйцыдысты, уæд йæ хойæн афтæ зæгъы: «Пырындзы хуымы дæ дзыккутыл цъыф ныппырх кодтай, æмæ дæ- хи афтæ счъизи кодтай, уый нæ мад куы фена, уæд, 38
æвæццæгæн, смæсты уыдзæн æмæ дæ бафхæрдзæн. Дæ- хи ньтхс ацы цады». Æнæхин Там байхъуыста йæ кæстæр хойы фæнд- мæ. Иæ кæсагахсæн æмæ къалати доны был фæуагъта æмæ йæхи найын райдыдта. Уыцы рæстæджы мæнгард Кам фелвæста йæ хойы къалати, фæфæлдæхта йæ йæ- хи къалатимæ æмæ атындзыдта сæхимæ. Хæдзары йын мад арфæ ракодта, бирæ кæй æрцахста, уый тыххæй æмæ йын радта æмбисонды зæлдаг хъуырбæттæн. Там йæхи раст кæнынмæ дæр нæ хъавыд. Зыдта, Кам кæддæриддæр раст кæй уыдзæн, уый. Фæлæ йын уæддæр уыцы хабар тынг маст уыди. Иунæгæй куы аззад, уæд ныккуыдта. Уыцы рæстæджы йæм фæзынди Буддæ. — Цæуыл кæуыс, мæ чызг Там?—бафарста йæ уый. Тыхстзæрдæ чызг ын радзырдта йæ масты хабар. — Мауал ку!—загъта Буддæ.—Ацагур-ма дæ къа- латийы, чи зоны ма дзы исты баззад—кæсаг кæнæ креветкæ. Къалатимæ ныккæсгæйæ дзы Там æцæгдæр ссард- та æнгуылдзыйас æвзистхуыз кæсаг, йæ уд ма йæ ми- дæг уыд. Уæд Буддæ загъта чызгæн, цæмæй уыцы кæ- саджы ахæсса, хъæуы астæу æддæгуæладзыг мæсыджы цур цы донмарæн ис, уырдæм. Донмарæн уыд æрдæг зиллаччы хуызæн: доны сæр æмбæрзт уыдис сырхбын лотостæй. Кæсаг куы ’рчъицыдта, уæд амбæхст лотосы егъау æмæ тымбыл сыфтæрты бын. — Алы бон дæр-иу, — дзырдта дарддæр Буддæ,— дæ хæринагæй ныууадз пырындзы цалдæр нæмыджы, æмæ-иу сæ ратт ацы кæсагæн. Йæ ном хуины Ка Бонг. Куыддæр-иу сдзурай: «Ка Бонг! Ка Бонг! Кæм дæ? ■Фæзын дæ хомæ, пырындз дын æрбахаста! Дæ мæгуыр 39
хæринаг — пырындз — хæрзаддæр у æппæты зынаргъ- дæр хæринæгтæй», афтæ-иу дæм æрбаленк г кæндзæн. Б^ддæ куыддæр уыцы зынрахатæн ныхæстæ загъта^ афтæ фæцыдæр...^ Уæдæй фæстæмæ Там йæхи иунæг нал хуыдта: уы- дис ын сусæг æмбал—цæрæгуд, уымæ зылди æмæ йæ> уарзта. Никуы рох кодта æддæгуæладзыг мæсыджы цуры донмарæ^мæ цæуын, йæ хæринæгтæй-иу кæй фæ- цауæрста, уыцы пырындзы къуыбар-иу донмæ бассæс- та. Цыди сусæгæй, йæ цæст дардта, цæмæй йын йæ су- сæгдзинад мачи раргом кæна. Куыддæр-иу сдзырдта уыцы диссаджы ныхæстæ, афтæ-иу кæсаг февзæрд до- ны сæр æмæ-иу ’рбаленк кодта Таммæ. Фæлæ Кам ссардта йæ хойы фæд, базыдта йын йæ сусæгдзинад æмæ æппæтдæр радзырдта мадæн. Æмæ сфæнд кодтой кæсаджы ’рцахсын. Дыккаг бон фыдыус райсомæй раджы Тамы барæй арвыста дард уыгæрдæнмæ къамбец хизынмæ. Куыддæр Там фæаууон, афтæ Кам йæ мадимæ араст ис лотостæй æмбæрзт æрдæг зиллакхуыз дон- марæнмæ. Кам сусæгæй цы диссаджы ныхæстæ базьвд- та, уыдонмæ æрбаленк кодта кæсаг. Фыд-зæрдæтæ æр- цахстой кæсаджы. Кам æй сфизонæг кодта æмæ йæ- бахордта. Там æрбаздæхт æмæ йын куыддæр уæгъд рæстæг фæци, афтæ æрызгъордта донмарæнмæ йæ кæсаджы бæрæг кæнынмæ. Куыд-иу дзырдта, афтæ та йæм ныр дæр фæдзырдта, фæлæ кæсаг — йæ хъыгты æгомыг æвдисæн — нæ фæзынд. Там æргуыбыр кодта донмæ* æм’æ, цы дурæй дзырдта*, уый фарсмæ федта судзгæ ту- джы æртах. 40
Йæ зæрдæ йæ бамбæрста: гыццыл Ка Бонг амард. Доны был бадгæйæ Там куыдта æмæ куыдта... Ног та фæзынд Буддæ æмæ та ногæй бафарста чыз- джы, цæуыл кæуы, уымæй. — Ма ку,— загъта уый, — ацу уæхимæ, мæ хъæ- бул. Бацу кауы цурмæ, бæстон рацагур æмæ дзы ссар- дзынæ де ’мбалы стджытæ. Æрæмбырд сæ кæн æмæ сæ нывæр æлыг мигæнæны, æнгом æй сæхгæ æмæ йæ ба- ныгæн дæ хуыссæнуаты къæхтырдыгæй. Фæстагмæ дæ уыцы мигæнæн бахъæудзæн. Куыд æнæнхъæлæджы фæзынд, афтæ æнæнхъæлæ- джы та фæцыдæр ис Буддæ. Буддæ цы кауы цур бацамыдта, уым Там дзæгъæ- ,лы архайдта Ка Бонгы. стджытæ ссарыныл. Æмæ йын уæд, йæхицæн хæринаг цы уасæг агуырдта, уый загъта: — Армыдзаг мын пырындз ратт, æмæ дын æз бах- :хуыс кæндзынæн. Уыцы æнæнхъæлæджы æххуысгæнæджы фæрцы мæ- гуыр кæсаджы стджытæ уайтагъд ссардта. Там сæ ны- вæрдта мигæнæны, æмæ йын Буддæ куыд бацамыдта, «афтæ йæ баныгæдта. Ноджыдæр ма афæдз рацыд. Там раздæрау уыди •иунæг, царди фыдтухæнты æмæ кодта уæззау куыст. Уыцы аз хæстытæ нæ уыд, æмæ хорæрзад басгуыхт. Уый тыххæй сæйраг горæты хъуамæ уыдаид стыр бæ- •рæгбон, æмæ йæм иууылдæр сæхи цæттæ кодтой. Кам систа йе ’ппæты рæсугъддæр къаба æмæ дзæв- гар фæцархайдта йæхи саразыныл, ныхсадта йæ дзык- кутæ æмæ сæ духийæ бапырх кодта. Мæгуыр Тамæн ницы уыд зæронд бызгъуыртæ йедтæмæ æмæ йæ ницæ- мæн хъуыд бæрæгбонмæ цæттæ кæнын дæр. Уыимæ ма фыдыусы тынг нæ фæндыд, бæрæгбоны йæ лæджы 41
чызг зæронд дарæсы рацыдаид, уый. Ус схæццæ кодта ссæдз буасойы11 дзаг падди æмæ пырындз, стæй Тамæн бардзырд радта, бæрæгбонмæ ацæуыны размæ пы- рыыдз равзар, зæгъгæ. Иæ лæджы чызгæн ахæм хæс раттыны фæстæ фыдыус йæ чызгимæ араст горæтмæ. Хæдзары иунæгæй’ баззайгæйæ, йæ фыдæбойнаг куыстæй æнæвдæлон уæвгæйæ Там ногæй йæ цæссыг- тæ ныккалдта, æмæ та йæм ногæй фæзынди Буддæ. — Æз дæм æрбарвитдзынæн сырддонцъиуты,— загъта уый,—æмæ дын аххуыс кæндзысты... — Уыдон пырындз куы бахæрой, уæд мæ бафхæр- дзысты,—загъта Там. — Ма тæрс: иунæг гага дæр дзы нæ фесæфдзæн!— загъта Буддæ æмæ æрбайсæфт. Чызг йæ куыстаг фæци. Буддæ куыд дзырдта, афтæ дзы иунæг гага дæр нæ фæхъуыд. Ныр Тамæн йæ бон уыд бæрæгбонмæ ацæуын, фæ- лæ... Чызджы ноджы тынгдæр маст бацыд: цæй цæуæн уыд уырдæм, йæ уæлæ цы бызгъуыртæ уыд, уыдоны. Хæларзæрдæ Буддæ та ногæй фæзынд æмæ йып загъта: — Дæхи ма ’фхæр. Ка Бонгы стджытæ кæм ны- вæрдтай, уыцы мигæнæн райс. Уым ссардзынæ, цы дæ хъæуы, уыдон. Там атагъд кодта мигæнæн къахынмæ. Систа дзы рæсугъд зæлдаг хæлаф, хæрдгæхуыд хъуымацæй къа- батæ, фениксы базыртæй нывæфтыд æмæ зынаргъ дур- тæй фæлыст дыууæ хорз туфлийы. Къаба йыл тынг фи- дыдта, æмæ йæ рæсугъддзинад ноджы фæбæлвырддæр. Там уайсахат араст горæтмæ. Кæуылдæриддæр æм- Рагоп барæн. 42
бæлдис фæндагыл, уыдон-иу дисы бацыдысты йæ рæ- сугъд кондыл. Хидыл цæугæйæ æвиппайды айхъуыста там-тамы12 зæлтæ æмæ, паддзах кæй æрбацæуы, уый амонæг фи- диуæджы тыхджын хъæртæ. Адæм фæйнæрдæм алæу- уыдысты. Там æгæр фæтагъд кодта, фæкалд хиды кæ- рон, гыццыл ма бахъæуа донмæ ныххауа, кæдæмдæр асхъиудта йæ туфли дæр. Паддзахы фæсдзæуинтæ бахызтысты хидмæ... Æваст ныллæууыд раздзæуæг пыл. Кæд скъæрджытæ архайдтой, уæддæр пыл не змæлыд йæ бынатæй. Пад- дзахы фæсдзæуинтæ иууылдæр дисы бацыдысты: -æвæццæгæн, хиды бын цыдæр æнахуыр диссаг ис. Пад- дзах бардзырд радта донмæ бæстон æркæсыны тыххæй. Фæсдзæуинтæ хиды бын ссардтой рæсугъд туфли. Паддзах бадис кодта уыцы æвæджиауы чысыл дзабы- рыл æмæ йæ бафæндыд йæ хицауы фенын. Æрмæст рæсугъд чызгæн уыдаид ахæм гыццыл къах. Фидиу- джытæ фехъусын кодтой паддзахы фæндон: туфли кæй аккаг уа, уыцы чызг суыдзæн паддзахы ус. Тынг бирæ чызджытæ дзæгъæлы барстой уыцы туфли сæ къæхтыл. Абарста йæ Кам дæр, фæлæ уый фæлтæрæнтæ дæр уæгъ- ды разындысты. Æппынфæстаг рад æрхауд Таммæ: зынаргъ туфли уыд йæ тæккæ аккаг. Уыимæ ма йæм разынд дыккаг туфли дæр. Паддзахы фидиуджытæ уайтагъд адæмæн фехъусын кодтой Тамы уæлахиз. Кам æмæ фыдйус фырмæстæй æрра кодтой. Фыццаг нæ базыдтой Тамы уыцы рæсугъд дарæсы. Уыдон ын уым æнхъæл дæр нæ уыдысты, уæлдайдæр та йын ахæм æнтыст уыдзæн, уый. Паддзахы бынтон басаста 2 Музыкалон инструмент. 43
Тамы рæсугъддзинад æмæ йзё ракуырдта. Æнамонд чызгæц уый уыд æнæнхъæлæджы циндзинад. Там рай- дыдта цæрын хъæздыг галуаны, йæ паддзах-мойы/зæр- дæ бынтон бацахста йæ уæздан æмæ хæлар зæрдæйæ. Æрцæйхæццæ кодта Тамы фыды амарды бон, æмæ- паддзахæй бар ракуырдта йæ райгуырæн хъæумæ ацæ- уынæн йæ фыды рухс номæн фыдæлты фæткмæ гæсгæ балæггад кæнынмæ. Хæдзары йыл сæмбæлдысты стыр цинимæ. Там та хæрамхæссаг нæ уыд æмæ йæ зæрдыл не ’рлæууыд ив- гъуыд рæстæджы уавæр. Æрмæст фыдыус æмæ йæ чызгæй нæ ферох, бæрæг- боны сæфæндтæ кæй фæсыкк сты, уый. Там хæдзары куыстытæм куы фæци, уæд уыдон та хъуыды кодтой, куыд æй амарой, ууыл. Иухатт ын райсомæй фадыус афтæ зæгъы: «Дæ фыды кувæндоныл зынаргъ лæвæрт- тæ сæвæрдтай. Фæлæ уарзондзинад лæвæртты аргъæй нæ бæрæг кæны — хъуамæ уый сыгъдæг зæрдæйæ цæ- уа. Ды хъуамæ исты сцæттæ кæнай дæхи къухтæй, Уæртæ уыцы пальмæмæ куы сбырис, дæхи къухтæй дзьг куы расæттис иу къалиу æд æнгузтæ æмæ йæ куы сæ- вæрис дæ фыды кувæндоныл, уæд ахæм лæвар уаид би- рæ зынаргъдæр». Ницæуыл фæдызæрдыг Там, бацыд бæрзонд хæрз- конд пальмæмæ æмæ йыл райдыдта хæрдмæ бырь!н. Фыдыус æмæ йæ чызг банхъæлмæ кастысты, бæласьг сæрмæ куы схæццæ, уæд гыццыл фæрæттæй райдыд- той бæлас лыг кæнын. Къуырцц-къуырц фехъусгæйæ1 Там бафарста, цы хабар у, зæгъгæ. «Ницы,— дзуапп радта фыдгæнæг фыдыус.— Бурдзалыг мæлдзыджытæ хи^ынц бæласыл. Мах тæрсæм, куы дæ бахæрой, уы- мæй, уымæ гæсгæ хойæм бæлас, сурæм сæ дæуæй». 44
Уалынмæ пальмæ къæс-къæсгæнгæ ныххаудта, цы арф æмæ чъизи цады был зад, уырдæм. Мæгуыр Там фæдæлдон. Мады амындмæ гæсгæ Кам скодта йæ хойы хъæз- дыг дарæс æмæ араст паддзахы галуанмæ. Фыдыус ахъус кодта, паддзахы ус, дам, хъæуы уæвгæйæ фæ- рынчын æмæ йæ иудадзыгдæр бахъæудзæн талынг уаты бадын. Паддзах баууæндыд уыцы сайдыл. Фæлæ Тамы уæздан уд фестади рæсугъд бурцъиу æмæ зарыд паддзахы дыргъдоны. Æнæвдæлон лæггад- гæнджытæм йæ хъус даргæйæ цъиу иудадзыгдæр пæр- рæстытæ кодта дыргъдоны. Иухатт лæггадгæнджытæй иу паддзахы пæлæз бам- бук æмбондыл хус кæнынмæ куы сауыгъта, уæд ын цъиу загъта: — Мæ мойы пæлæз афтæ хус кæнгæ нæу. Цæмæй ма аскъуийа, уый тыххæй йæ сауындз цæхгæрмæ æвæрд бамбук лæдзæгыл. Бурцъиуы ныхæсты æвæстиатæй радзырдтой пад- дзахæн, æмæ уый дæр æрцыд дыргъдонмæ. Цъиу бад- ти курага бæласы къалиуыл æмæ тъæллангæй зарыд. — Бурцъиу, бурцъиу,—загъта паддзах,—кæд æцæ- гæй дæр мæ бинойнаг дæ, уæд абад мæ цонгыл. Цъиу уайтагъд сæххæст кодта паддзахы фæндон,, æмæ йæ уæд паддзах цинæй райгæйæ рæвдауын райдыд- та. Бурцъиуæн сарæзтой сызгъæринхуыз æмæ сырх ла- кæй ахуырст рæсугъд къалати. Паддзах буцæй аудыдта цъиуыл. Къалатийы кæддæриддæр уыди еуу æмæ ног- хаст дон. Паддзахадон хъуыддæгтæй улæфгæйæ пад- дзах йе ’ппæт рæстæг дæр æрвыста йæ уарзон бурцъи- уы къалатийы цур æмæ йын хъуыста йæ зардмæ.. 45
Уыцы хабар бахæццæ Каммæ, æмæ уый фехъусын кодта йæ мадæн. Мад ын.бауынаффæ кодта, паддзах уым куыннæ уа, афтæмæй цъиуы амар, зæгъгæ. Кам раст афтæ бакодта. Бурцъиуы сфизонæг кæнын кодта ,æмæ йæ бахордта, йæ бумбулитæ та йын бамбæхста паддзахы дыргъдоны æппæты дарддæр къуымы. Уыцы бумбулитæй сæвзæрди алтъами бæлас, уай- тагъд ыл фæзынд зынаргъдуртæй диссаджы рæсугъд- дзинæдтæ. Паддзах тынг бирæ уарзта уыцы дидинæг- джын къуымы йæ фæллад уадзын æмæ дзы сауындзын кодта йæ хызæйконд сынтæг. Хивæнд æмæ фыд-зæрдæ Кам, раздæр цъиу æмæ кæсагмæ куыд хæлæг кодта, афтæ хæлæг кæнын райдыдта алтъами бæласмæ дæр. Иæ мадæн рахъаст кодта, паддзах ныр йе ’ргом æппæ- тæй дæр алтъами бæласмæ кæй здахы, уый. — Акалын кæн бæлас æмæ дзы саразын кæн тын- уафæн тæрх,— бацамыдта фыдыус,— пайда дзы кæн- дзынæ æрмæст дæхæдæг. Бæлас акалдтой æмæ йæ хырхæй афастой. Сæйраг горæты æрмгусджытæ дзы сарæзтой иттæг хорз тынуа- фæн тæрх æмæ дзы Кам уайтæккæ раивта йæ зæронд тæрхы. Фæлæ ног тæрхы хъыс-хъыс тынг æнгæс уыди адæймаджы хъæлæсимæ. Суанг ма дзы бамбарæн уы- ди, цы зарыд, уый дæр: «Ды дæ хойы лæджы байстай. Дæ хо дæ уый тыххæй йæ маст райсдзæн!» Кам фæ- тарст æмæ уыцы хабар радзырдта йæ мадæн. Мад ын бауынаффæ кодта тæрх ныссæттын æмæ йæ басудзын. Фæлæ галуанæй дæрддзæф, æрмæст ма йæ æртху- тæг кæм баззад, уым та ногæй сзади рæсугъд тхи13 бæ- , 13 Уыцы бæласы дыргътæ сты фæткъуыйыйас, бур хъæда- бæхуыз цъарджын. Хæрынмæ нæ бæззынц, фæлæ иудадзыг æх- сызгон тæф хæссынц. 46
лас. Бæлас уайтагъд сфидар ис, сыфтæр ракалдта. Йæ* аууоны æхсызгонæй сæ фæллад уагътой фæндаггæттæ. Иу зæронд ус дзы æрхъуыды кодта бамбукæй æм- бæрзт мæнгагъуысты бын хуымæтæджы стъол сæвæ- рын æмæ дзы базар кæнын райдыдта цай, тамако æмæ гуылтæй. Иуылдæр зыдтой уыцы дзæбæх уæйгæнæджы. Уый хæларзæрдæ куыд уыд, афтæ уыди æууæнкджын адæймаг дæр. Йæ цурты чи цыд, уыдон-иу искуы-иуæй фæстæмæ æрлæууыдысты йемæ аныхас кæнынмæ кæ- нæ та лулæ сдымынмæ. Иуизæр зæронд ус йæ папитæ куыд æмбырд кодта æмæ сæхимæ йæ мæгуыр хæдзар- мæ цæуынмæ куыд хъавыд, афтæ йæм æрбакалд тхи- йы дыргъты æнахуыр тыхджын будтæф. Скасти бæла- сы сæрмæ æмæ дзы федта иунæг дыргъ æмæ йæ дисы бафтыдта йæ асæй. Дыргъ уыд тынг рæсугъд. Ус æм не ’ххæссыди æмæ уымæ гæсгæ æрмæст йæхицæн загъ- та: «О тхи! Хорзæх бакæ, æрхау мæ хызынмæ, цæмæй мæ фаг фесмудон дæ будтæфмæ». Æмæ хæларзæрдæ ус стыр дисы бацыд — уыцы иунæг дыргъ æрхауд йæ гом хызынмæ. Зæронд ус атагъд кодта сæхимæ. Хæ- дзары йæ сæвæрдта гыццыл тымбыл стъолыл йæ ны- вæрзæны цур. Дыргъ уымæ кæй æрхауд, уымæй уыд æгæрон амондджын. Зæронд усы хъæмпын хæдзары æмбисонды дыргъ- мæ фæзынд цыдæр ноджы диссагдæр хъуыддаг: алы изæр дæр йе ’рбацыдмæ цæрæнуат вæййы æфснайд, хъæдын зæронд сынтæгыл æвæрд вæййы тæбæгъ æп- пæты адджындæр хæринæгтимæ. Афтæмæй та куы фæ- цæуы, уæд дуар сæхгæны, æмæ йæ æхгæдæй æрбаййа- фы. Уым цыдæр сусæгдзинад æмбæхст ис, æмæ ус сфæнд кодта йæ базонын. Алыхаттау иурайсом ацыд хæдзарæй æмæ уайтæккæ фæстæмæ æрбаздæхт. Бам- 47
бук æмбондмæ куы бахæццæ æмæ зыхъхъырæй куы бакаст, уæд дзы федта: æнахуыр диссаджы рæсугъд чызг хæдзары зылдтытæ кæны.Идæдз ус бацыд хæ- дзармæ, ныхъхъæбыс кодта æнæзонгæ чызгæн æмæ йæ бафарста, чи у æмæ цæмæн афтæ зæрдиагæй зилы йæ мæгуыр хæдзармæ, уымæй. Уæд ын Там (кæй зæгъын æй хъæуы, уый уыд Там) радзырдта йе/намонд царды хабæрттæ. Уæлæрвтæ йæ фестын кодтой зæд, царди æмбисонды дыргъы æмæ æрвыст уыд зæхмæ, цæмæй йæ хъус дара мæгуыр иу- нæг зæронд усмæ, уымæн æмæ уый хæрзуагдзинæдтæ зындгонд уыдысты бæсты бардуагæн. Зæрондус æрха- тыд æрыгон сылгоймагмæ, дæ уынд мауал аив, зæгъ- гæ. Там сразы. Æмæ зæронд ус лыстæг скарста афтид дыргъы хъæдабæхуыз цъар. Уæдæй фæстæмæ йæм уы- ди хæсгæ чызг. Æрыгон сылгоймаг сфæнд кодта чысыл хæрæндон хьæугæрон байгом кæнын,— уæд зæронд усы тынг дард цæуын нал хъæудзæн. Хæларзæрдæ зæронд усы ^сæсгæ чызг уыйбæрц зæрдæмæдзæугæ, хæрзæгъдау æмæ цæрдæг уыд, æмæ йæ ном айхъуыст æппæт зыл- ды дæр. Иухатт паддзах, куыд ничи йæ базона, афтæ- мæй йæ дæлбартæй иуимæ йæ бæстыл зылди, бацыд уыцы хæрæндонмæ иучысыл аулæфынмæ. Зæронд ус æрхаста хæрздæфгæнаг цай, стæй гыццыл æрттиваг тæбæгъыл арек пальмæйы æнгузтæ æмæ бетелы14 сыфтæ, — Там сæ равæрдта фениксы базырты хуызы. Уыцы хæринаг афтæ диссаджы цæттæйæ никуал фед- та паддзах, æмæ йыл йæ цæстæнгас æрæвæрдта: «Цы др^ссаг у! Цæмæн у ацы хæринаг, мæ бинойнаг кæй цæттæ кодта, уый æнгæс?» — ахъуыды кодта уый. Ба- фæндыд æй, уыцы сыфтæ чи сцæттæ кодта, уый фенын. 48
Зæронд ус фæдзырдта йæ хæсгæ чызгмæ, æмæ паддзах уайтагъд базыдта йæ уарзон Тамы. Æрыгон сылгой- маг ын радзырдта æппæт хабæрттæ дæр. Паддзахы ци- нæн кæрон нал уыд. Дыккаг бон мæгуыр хъæууон хæ- дзармæ æрбацыдысты хъæздыг фæлыст фæсдзæуинтæ ладдзахы усмæ æмæ йæ стыр цинимæ бахæццæ кодтой галуанмæ. Фыдыус æмæ йæ чызджы фыдмитæм смæсты пад- дзах æмæ сфæнд кодта Камы йæ хоимæ æмдзых æркæ- нын æмæ йæ ’багæды кæнын. Хинæйдзаг æмæ фыд-зæр- дæ Кам ахæм ныхæстæ ссардта, æмæ хистæр хойы зæрдæ æрлæмæгъ. Кам фырхæлæгæй марди йæ хомæ, уый ноджы фæрæсугъддæр, кæд зындзинæдтæ бавзæр- ста æмæ бирæ рæстæг рацыд, уæддæр. Фæлмæн хъæ- лæсы уагæй кæстæр хо бафарста хистæры, йе ’рыгон- дзинад æмæ рæсугъддзинад куыд бахъахъхъæдта, стæй цæмæй басаста паддзахы зæрдæ. Там ын мид- былхудгæ дзуапп радта: — Уый æппындæр зын нæу, æз дын æнæзивæгæй раргом, кæндзынæн мæ сусæгдзинад. Скъахын кæн арф уæрм, сбад дзы æмæ зæгъ, цæмæй дыл къæртайæ æвиппайды фыцгæ дон ауадзой. Уæд ды дæр уыдзынæ æхсырау урс æмæ дидинæгау рæсугъд. Кам уыцы сахат галуаны лæггадгæнджытæн уæрм скъахын кодта, ныббырыд дзы æмæ, ницæуыл ахъуы- ды кодта, афтæмæй йæхиуыл æнæхъæн къæрта фыцгæ дон рауадзын кодта. Донæн йе ’мбис дæр уагъд нæма фæци, афтæ фыд-зæрдæ хо йæ уд систа. Цасдæр рæс- тæджы фæстæ амард фыдыус дæр. Иæ сау уд ацыд зындонмæ æмæ уым фембæлд Камы удимæ. Ахæм уыд фыд-зæрдæйæ знæт дыууæ усы кæрон. Там баззад паддзахы усæй, йæ зонд æмæ хæрзуаг- 49
дзинад дæлдæр нæ лæууыдысты йæ рæсугъддзинадæй. Фæцарди бирæ йæ паддзах-мойы амондæн, æххуыс ын кодта йæ зондджын уынаффæтæй паддзахадон хъуыд- дæгты.
ЧИНЫДЖЫ ИС: ЙÆ ЛÆГМÆ ÆНХЪÆЛМÆГÆСÆГ ХОХ- СЫЛГОЙМАГ 3 ТАНЬ-ВЬЕНЫ ХОХЫ ЛЕГЕНДÆ 9 % 9 КЪАМБЕЦЫ ЛЕГЕНДÆ ... 17 АДÆЙМАГ ÆМÆ СЫРД ... 20 БАНЬ ЗЭЙ ÆМÆ БАНЬ ТИНГЫ ЛЕГЕН- ДÆ 24 АРЕК ПАЛЬМÆ, БЕТЕЛЬ ÆМÆ ЧЪЫРДУ- РЫ АРГЪАУ 28 ГАЛХÆФС ÆМÆ КЪÆВДА ... 33 ТАМ ÆМÆ КАМЫ АРГЪАУ ... 37
Для среднего и старшего школьного воэроста Хоа Май ВЬЕТНАМСКИЕ ЛЕГЕНДЫ Редактор Т. А. К о к а е в Художник Т. Ч. Т о р ч и но в Художественный редактор У. К. К а н у к о в Технический редактор А. В. Ядыкина Корректор 3. У. Дзуцева ИБ № 901 Сдано в набор 25.05.83. Подписано к печати 24.08.83. ЕИ 01736. Формат бумаги 60х841/16. Бум. тип. № 2. Гарн. шрифта литературная. Печать высокая. Усл. п. л. 3,02. Учетпо-иэд. листов 1,80. Тираж 2000 экз. Заказ № 377. Цена 5 коп. Издательство «Ир» Государственного комитета Ссвсро-Осстинской АССР по дслам издательств, полиграфии и книжноп торговли, 362040, г. Орджоникидзе, ул. Тельмана, 16. Книжная типография Государствениого комитета Ссверо-Осетпнской АССР по делам издательств, полиграфыи и книжной торговлн, 362911. г. Орджоникидзе, ул Тельмана, 16