Text
                    Чеджемты Єхсар
АРВЫ
ДИДИНЄГ


Чеджемты Єхсар АРВЫ ДИДИНЄГ Зарджытє Гасситы Викторы номыл рауагъдадон-полиграфион куыстуат ДЗЄУДЖЫХЪЄУ 2010
84BРос-Осет) 4-20 В оформлении книги использованы фрагменты картин ХАДЖУМАРА САБАНОВА Чеджемты Є. 4-20 Арвы дидинєг [Текст]: зарджытє/ Чеджемты Є. - Дзєу- джыхъєу: Гасситы Викторы номыл рауагъдадон-полиграфион куыстуат, 2010 - 256 ф. Чеджемов А. Небесный цветок. 84BРос-Осет) 13ВЫ 978-5-91139-152-2 ) Чсджсмов А. 3., 2010 > Чсджсмты Г 3., оформлсмис, 2010
ЄХСАР Єхсар... у хєхтєн се ’муєз дзырд нє Иры, — Уый домы царды стыр хьару лєгєй. Єхсар цы зєхх, цы хохбєсты нє зилы, Уым цин, цыш ємє амонд арєн нєй. Мє фыдєн срухс и ноггуырдєй йє зєрдє, Фырбуцєй рад хуымгєнєожы хєдз.ар. Ємє хєхбєсты хорз нємтшы хуыздєршєй Чысыл лєппуйыл сєвєрдтой «Єхсар». Уый райрєзти, цьєх рєгъты уындєй ради, Ємє йєм сидти хосгєрсшы фєтєн. Цыма бабайєн хуры ног шын рарди, — Єз уыцы ныллєг, саулєгъз гуырд уыдтєн. Фєлє мє уєд цєуыл домдта мє сагъєс? — Мє тох, мє куыст — мє дзыллєйы цытєн. Єхсар... О, уыцы стыр номы уєззау хєс Бєрзонддєр рєзын нал бауагъта мєн. 5
РАЙГУЫРЄН ЗЄХХ Бєстєтє бирє сты, дуне — уєрєх, Цард цє єнхъєвзы фєрнєй. О, фєлє мады ад, райгуырєн зєхх, Зонын єрмєстдєр дєуєй! Балцы уон искуы: хєстєг єви дард, Амонд мєн хурмє хєссы, Ємє Ирыстон, цыма у мє мад, Афтє мє фєдыл кєсы. Бауарзтон раджы нє фєндыры цагъд, Ме уєнгты рог цин зылди. Арвєн йє бєрзєндты урс цєргєс тахт,— Уый кєд мє зєрдє уыди. Ирєн йє куывды бон — цин ємє хъазт, Амонд Хуыцауєй куырдтон. Ам єз лєппуйє мє сызгъєрин уарзт Зєдтєн иронау дзырдтон. Бєстєтє бирє сты, дуне — уєрєх, Цард цє єнхъєвзы фєрнєй. О, фєлє мады ад, райгуырєн зєхх, Зонын єрмєстдєр дєуєй. 6
СЫЗГЪЄРИН БАЗЫРТЄ Мє рагуалдзєг мєм ивгъуыд бонтєй нал зыны, Мєн та зєгъын єдзухєй дєр фєндыд: Мє зєрдєйы дыуує сызгъєрин базыры Сымах ыстут, мє мад ємє мє фыд. Єз цардамонд ує къухты хъармєй базыдтон, Мє зєрдєйы — ує цин ємє ує рис. Єз удєнцой ує цєстєнгасы агуырдтон, Ує уды рухс мє зарджыты дєр ис. Нє хєдзар та — мє рагуалдзєджы хъарм ахстон, Ам хъєлдзєг бонтє цас арвыстон, цас! Єз ацы ран зєрдєйы бынєй бауарзтон Ирон зарєг, ирон рєсугъд ныхас. Куы фємысын мє рагуалдзєг йє фынтимє, Уєд цард цыдєр цин рагбонтєй хєссы. Цы фєцардтєн мє мад ємє мє фыдимє, Ныр дєр мєм уый рєсугъд аргъау кєсы. Мє сабыр мад — фєлмєн уалдзєг, єнцонцєрєн, Мє фыд — фєскъєвда хурбоны єнгєс, Ує сыгъдєг номєй амєндты бєрзонддєрєн Лєвар кєнын мє хуыздєр зарєг єз. Мє рагуалдзєг мєм ивгъуыд бонтєй нал зыны, Мєн та зєгъын єдзухєй дєр фєндыд: Мє зєрдєйы дыуує сызгъєрин базыры Сымах ыстут, мє мад ємє мє фыд. 7
ЗАМАНХЪУЛЫ ЗАРЄГ Фыдєлты Заманхъул — мє сызгъєрин бєстє, Йе ’рвхуыз къуыбырты єхсєн О, ацы хъєубєстє, о, ацы хъєубєстє Схаста йє хъєбысы мєн. Нє фєрныг хистєртєн сє уєздан ныхасы Ам федтон царды єгъдау. Уєд ме ’рыгон азты, уєд ме ’рыгон азты Амондджын чи уыд мєнау?! Цы азтє уыдысты, цы рухс бонтє згъордтой! Чи ’мбєрзта цардєн йє уєз?! Арвыл-иу цєргєстє уєд зилахар кодтой, Зєххыл та кафыдтєн єз. Фыдєлты зарєг ныл цыт-амондєн бафтыд, Амонд та зарєгау тахт. Хур-иу кємє симдта, мєй-иу кємє кафыд, Уый уыд «Заманхъуйлаг цагъд». Рєсугъд у Ирыстон йє дзыллєйы хєрзтєй, Ир нын фєцєрєд фєрнєй, Фєлє мє зєрдєйєн райгуырєн хъєубєстєй Адджындєр, уарзондєр нєй . Зєрдє куыд тынг райы нє уалдзыгон бонтєй, — Амонд нєм семє єртахт. Нє Иры бєстємє нє Дурджын Бєрзондєй Хъуысы «Заманхъуйлаг цагъд». 8
ЧЕГЕМ Хуссары фидауц — Асыйы бєстє, Мє уд дзы ахсы ирон ныхєстє. Кєддєр ирон дзырд Чегемты комєй Уарийау тахти базырєнгомєй. Чегемы хъєлєс мє хъустыл уайы, — Хурєртєх цыма мє удыл тайы. Цєй амондджын у, зєрдєйы фєндйаг Зєххыл кємєн ис фыдєлты уидаг! Толдзгуыны рєгътыл — Чегемты єрдуз, Мє рагфыдєлтєн сє артдзєсты рухс. Ацы нєртон зєхх єд тулдз бєлєстє Чегемєн уыдис йє уды бєстє. Ардыгєй хъуысыд бєрзонд уєларвмє Кєстєрты зарын, хистєры арфє. Цєй амондджын у, зєрдєйы фєндйаг Зєххыл кємєн ис фыдєлты уидаг! Фєрєскъєтты дєр — Чегемты хуымтє, Фыдєлты дзуєрттєн — сє хоры хуынтє. Сє рагон нємттє рох не сты абон: Чегемты адаг, Чегемты суадон. 9
Зєххыл зєрин хур йє тын куыд уафы, Фыдєлты артдзєст мєн афтє тавы. Цєй амондджын у, зєрдєйы фєндйаг Зєххыл кємєн ис фыдєлты уидаг! Ивгъуыд заманты Хъєрмєдонгомы Уыд аст Гєналы, — чи ма цє зоны?! Сє фєндырдзагъдєй Чегемты мыггаг Ам хєхтєн дзырдтой сє зєрдєйы уаг. Фєлє фыдбылыз — хъысмєтєй єрвыст — Иу бон цыл єрцыд фыдусы єлгъыст. Урс цъити ракалд єхсєвы тары, Уым фесєфтысты уєд авд Гєналы. Фыдбоны цъити нал ємє нал тад, Єстєм Гєнал та дурцєндєй баззад. Гєналы тигъыл — єрдєгхєлд мєсыг, Зєронд Чегемы єрхєндєг цєссыг. Уєддєр нє фесєфт Чегемы уидаг, Хуыцауы фєрцы — зєрдєйы фєндйаг. Уєдє цы хорз у, фыдєлты уидаг Кємєн ис царды зєрдєйы фєндйаг!
МАДЫ НОМ Куы араст вєййєм дард балцы нє кєртєй, Куы скъуырєм искуы фєндагыл нє къах, Дє сау дзыкку ысурс вєййы нє мєтєй, Ємє вєййєм дє иунєг катай мах. Ныййарєг мад, ныййарєг мад, дє номыл Мє цинтє ’мє мє сагъєстє 6єт1ын. Єз федтон хур дє къухтєй хуыд хєдоны, Дє хуыд дзабырты базыдтон цєуын. Нє рухс фєндты дын рєстєджы уынєрмє Цъєх арвы тынєй къабатє хуыйєм. Нєхи сєртє ысурс вєййынц, уєддєр ма Нє мадєлтєн сывєллєттє вєййєм. Тєхудиаг, йє цин ємє рєвдыдєй Кємєн бантыст дєу самондджын кєнын! Фєлє нын хай куы нал вєййы дє уындєй, Уєд, ехх, мє бон, куыд тынг зын у цєрын. Ныййарєг мад, ныййарєг мад, дє номыл Мє цинтє ’мє мє сагъєстє бєттын. Єз федтон хур дє къухтєй хуыд хєдоны, Дє хуыд дзабырты базыдтон цєуын. 11
ВЕРЫЧКЄЙЫ ЗАРЄГ — Уєлладжыры ком — мє райгуырєн зєхх, Уым куы федтон фыццаг хурыскаст. Фервитут-ма мын Дурджын Бєрзондмє, Кєд мын мє низєй иу чысыл айсид. Донысєрмє тулдзкъох рєбынты Куыд бирє уарзтон кєрдєгджын фєхстє... Охх, цы кєнон, фервитут-ма цєм, Кєд мын зын сахат баххуыс кєниккой. — Фєлє тыхст мады зєрдєйы фєдис Хохмє нє фехъуыст, кєрдєг нє зоны. Цєрынхъуагєй йєм удхєссєг єртахт, О удхєссєг, дє мад амєла. Бинонты амонд — хєдзары єфсин, Йе ’нкъард хотєм афтє куы дзуры: — Арв мыл нытталынг, єнхъєлдєн, сєфын, Мє иунєг ныстуан: мє цот ує фєдзєхст. Мє бирє цот уыл, бєргє, фєдзєхсын, Фєлє цын уєддєр тєрсгє куы кєнын: Хуры тєвдєй цє куы нє бахизат, Куы мын фєриссой уазал фєндєгтыл... Сидзєр мєгуыр у, сидзєр мєгуыр у, Уайдзєфєй дєр мын рынчын кєндзысты. Сидзєр мєгуыр у, сидзєр мєгуыр у, Исчи цєм, мыййаг, тызмєг куы сдзура. 12
Чи уын-иу судздзєн изєр ує цырагъ, Сєумєрайсомты арт уын чи кєндзєн? Охх, цы кєнон, охх, цы кєнон?.. Уєлєуыл уемє уадзын мє зєрдє. ^^;|^ ** _*
АМОНДДЖЫН ХЄДЗАР Амондджын хєдзар цєй хорз фидауы Бєрзонд къєсєртєй. Уым хистєр буц у, уым хистєр буц у Йє хорз кєстєртєй. Амондджын хєдзар ирон єгъдауєй Зєххыл нє цуды. Йє сыхбєстєм уый йе ’рвхуыз рудзгуытєй Мидбылты худы. Ирон хєдзары уєздан чызджытє — Ыстъалынгєстє. Уым се ’фсымєртє — ыстєхынєввонг Хєххон цєргєстє. Хєдзары фидауц, о, бауырнєд ує, — Йє хорз кєстєртє. Уыдонєй рєсугъд, уыдонєй хъєздыг — Нє Иры зєрдє. О райгуырєн зєхх, у де стыр амонд Хєдзары фарнєй. Тєхуды ємє дєу чи сбуц кодта Йє уды хъармєй! Амондджын хєдзар... Рєсугъд кєстєртє... Нє ирон бєстє... Дунесфєлдисєг, ма нын бавгъау кєн Дє бирє хєрзтє! 14
•’^*&;*-’-^>? « НЄ БУЦ ХИСТЄРТЄ Бирє нын цєрат, нє буц хистєртє, Ує фарнєй фєрнджын — ирон хєдзєрттє. Сымахєй цєуынц ує хорз кєстєртєм Хъєбатырдзинад, рєсугъд єгъдєуттє. Ацы дунейы адджынєн баззад Фыдєлты уєзєг, райгуырєн бєстє. Терчы донєй дєр, нє буц хистєртє, Нє бафиддзыстєм ує бирє хєрзтє. Карз тохы заман бєсты сєрвєлтау Ызнаджы гєнах ує риутєй састат. Уєддєр нє буцєй нє цардуалдзєджы Ує фєллад къухтыл бирє фєхастат. Нє Иры зєхмє бєрзонд уєлєрвтєй Хъызт зымєджы дєр зєрин тын хауы, Ємє рєсугъдєй хистєры зондєй Кєстєры амонд єфсир єфтауы. Цы нын баззади рєсугъддзинадєй, Нє фєрныг царды уый байтаудзыстєм. Нє буц хистєртє, мах уе сконд артдзєст Єрхуыссын кєнын нє бауадздзыстєм. 15
ФЫДЄЛТЫ ЗЄХХ Ме ’фсымсер Уататы Зелимєп О, амонд єрцєра дє фєрнєйдзаг зєххыл, Мє фыдєлты бєстє! Тєхуды, мє риуы дєу аккаг куы ссарин Зєрдєбын ныхєстє. Ацы нєртон зєххыл нє фыдєлты намыс Хуры мєсыгау лєууы. Адємы цєсгємттєй цардмє цы рухс кєлы, Уый нєм фыдєлтєй цєуы. Райгуырєн бєстєйы мє зєрдєйы зарєг Уєлєрвтєм єххєссы. Нє ирон зєххєн мєм йє фєндаджы дур дєр Сызгъєрин куы кєсы. Дє ныййарєг мад дын рєвдаугє кєм дзырдта: «Айрєз мын, айрєз фєрнєй», Гыццылєй дє къахвєд цы зєххыл ныууагътай, Уымєн єнє уарзгє нєй. Райгуырєн бєстєйєн йє хур дєр фєлмєн у, Зынаргъ у йє зєхх дєр. У ацы арвы бын мє уарзон Ирыстон Дунеты дзєбєхдєр. Ацы фыдєлты зєхх... Цард дзы цєрынєн у: Равдис дє зєрдєйы уаг, Макєй фєриссын кєн, ’взєрдзинад ма ракєн, — Хорзєн єрмєст уый дєр — фаг. 16
Мє райгуырєн бєстє... Уый мады єнгєс у Ємє у бєркадджын. Мє фыдєлты зєххєн кєд мады хъєлєс и, Кєд уымєн у адджын. Кєстєры барєвдау, бацин кєн хистєрыл, - Цард у єгъдауєй єххєст. Райгуырєн бєстєйы амондєн чи цєры, Амондджын уый у єрмєст. ^м* Центральная библиотека г.Владикавказа
КЪОНАЙЫ ХЪАРМ — Нана, дсе конд арт цы хъарм вєййы! — Мє гыццыл хур, уый єрмєст арты хьарм нєу. Уый къонайы хъарм у, къонайы... Мє фарсмє-ма єрбад, мє хур, кєстєр дє, Ємє дє зєрдыл иу хъуыддаг лєууєд: Фыдєй йє фырт куынє цєуа хуыздєрмє, Кєнынц уєд адєм сомыбон фыдвєд. Дєхи удау дє Фыдыбєстє хъахъхъєн, Рєстєй Хуыцауыл бафєдзєхс дєхи. Нєй атєхєн єнєбазыртєй маргъєн, Єнєрхъуыды лєг фесафы йєхи. Зєхх мад у, зєгъгє, баззади ныхасєн, Ємє йє мадау сбуц кєнын фєраз. Єгас бєстє, єгас дуне ис уарзєн, Ды мын зєрдєйє райгуырєн зєхх уарз. Фыдыбєстє у иунєг хєзна, уарз єй, Йє сєрвєлтау мын ма фєтєрс зынтєй. Цы зєххыл цєуынц хорз хистєртє разєй, Уым кєстєртєн єгуыдзєг уєвєн нєй. У алчи дєр йє буц мадєн фєлмєн хур, Ємє дє царды макєй зєрдє сєтт. Искєй зєрдє ку’асєттай, мє хъєбул, Дєхи зєрдє дєр афаз уыдзєн уєд! 18
МЄ ДЗЄБЄХ МАД Ирон єфсарм, ирон уєздан хъуыды, Тєхуды, бавєр фєндыры зєлты! Ныййарєгєй куыд тынг фидауы зєхх, Тєхуды, уый ирон зарєгєй зєгъ. Кєй буц рєвдыдєй байрєзы хъєбул, Хъєбул кємєн у йе стыр ныфс, йє хур Кєй къухтєй цєуы хєдзары бєркад, Уый царды цин у, царды фидауц — мад. Мє фєлмєн мад у уалдзєджы єнгєс, Хєххон бєстєйы дидинєгджын фєз. Зєрдєйы хорзєх, конд ємє уындєй Мє мады хуызєн ацы зєххыл нєй. Фєриссын мє нє бауагъта хъысмєт, Ды дє, мє мад, мє цин ємє мє мєт, Дє сыгъдєг ном, дє намысєй уєлдєр Зєххон хєрзты ’хсєн ницы ис єндєр. У мадєй хъєздыг алцємєй хъєздыг. Мє дзєбєх мад — мє амонды мєсыг, Дє уарзт ємє дє рухс уды тємєн Мє царды фєндаг срухс кодтой мєнєн. Ирон єфсарм, ирон уєздан хъуыды, Тєхуды, бавєр фєндыры зєлты! Ныййарєгєй куыд тынг фидауы зєхх, Тєхуды, уый ирон зарєгєй зєгъ. 19
УАРЗОНДЗИНАД Уарзондзинад, сызгъєрин фестай ды, Дє цин зєрдєйы базыртыл тєхы. Бєрзонд арвыл дєуєй бєрзонддєр нєй, Дє рухсєй рухс — ыстъалытє ’мє мєй. Уарзондзинад — зєххон хєрзты хуыздєр, Уарзондзинад, Ирыстоны єрцєр. Ирон хєдзєрттєм боны фарн єрхєсс, Дєуєй хъєздыг, дєуєй амондджын — єз. Хурау тавы уарзондзинад дардыл, Царды цин йє рухс тынтєй кєлы. Амондджын дыуує зєрдєйы арвыл Уарзондзинад иу ахстон кєны. Уарзондзинад у Уазайы бєрзонд, Сыгъдєг фєндтє, сызгъєрин уды конд. Уарзондзинад — фєндыры дзургє цагъд — Зєрин зєлтєй мє зєрдємє фєтагъд. Цыфєнды зєгъ, куыд фєнды йыл фєдзур, Уарзондзинад — рєсугъд царды бындур. Мє зєрдє дзы ысбазырджын, ысрог, Зєххыл цыма цєрын райдыдтон ног. Хурау тавы уарзондзинад дардыл, Царды цин йє рухс тынтєй кєлы. Амондджын дыуує зєрдєйы арвыл Уарзондзинад иу ахстон кєны. 20
ХЪЄУУОН ИЗЄРТЄ Куыд диссаг ысты хъєууон изєртє, — Базырджын кєнынц усгуры зєрдє. Ирон фєндырдзагъд дє уатєй хъуыстон, Єз та дыл , чызгай, мє зарєг фыстон. Мє зарєг фыстон рудзгуыты рухсмє, Ыстъалытє ’мє фєлмєн мєйрухсмє. Мє зарєг фыстон зєрдєйы зєлтєй, Дє фєндырдзагъды рєсугъд уылєнтєй. Нанайы буц чызг, мє цєстыл уайы, Куыд рєсугъд уыдтє дє цъєх къабайы! Цыма райгуырдтє усгурты мєтєн! Сырх дидинєгау — дє сырх сєрбєттєн. Дє бєзджын дзыкку — зулаив фастєй, Куыд рєсугъд уыдтє дє цєстєнгасєй. Нє мє рох кєны, изєрдалынгты Куыд-иу єруадтєн ує нарєг уынгты. Ує рудзгуытєн-иу сє ракомкоммє Мє зєрдє нал каст мє зонды коммє. Фєндыд мє, чызгай, ує кауы рєбын Ує балбєлєстєн хъєбыстє кєнын. Ирон фєндырдзагъд, цєй тынг зынаргъ дє! Сызгъєрин зєлтєй мє удмє тахтє... Мєй та сындєггай йє цалхыдзагєй Дєрдты фєлгєсыд бєрзонд уєларвєй... 21
АМОНДЫ ФЄНДАГ Дзалаты Ларисєйєн Амонды фєндаг мєн хоны цардмє, Єдзух дє сурєт лєууы мє разы. Мє уды цинєй тєхын уєларвмє, Цєй амондджын у, дєу цы чызг уарзы! Ды кєм нє вєййыс, єз уыцы хъазты Мє фєндырдзагъдєй мє катай сурын. Куы мє бафєрсынц: «Уєддєр кєй уарзыс?» — Ирон фєндырєй дє ном ысдзурын. Уарзондзинад у сєууон хур єнгєс, Сєууон хур єнгєс — зєрдєйы хъєлєс. Уарзондзинад у єнєныхасєй, Єрфыджы фезмєлд, цєсты єнгасєй. Мє цардуалдзєджы цєй диссаг ысты Євзонджы бонтє, зєрдєйы цинад. Єрєгвєззєджы чындздзон фєлысты Мєн цардмє хоны мє уарзондзинад. Уарзон адєймаг у зєды хуызєн, Фєндагамонєг єхсєвы тары. Тєхуды ємє йє карєнты ’хсєн Йє хорз амондєй бєрєг чи дары. Уарзондзинад у сєууон хур єнгєс, Сєууон хур єнгєс — зєрдєйы хъєлєс. Уарзондзинад у єнє ныхасєй, Єрфыджы фезмєлд, цєсты єнгасєй 22
Амонды фєндаг мєн хоны цардмє, Єдзух дє сурєт лєууы мє разы. Мє уды цинєй тєхын уєларвмє, Цєй амондджын у, дєу цы чызг уарзы.
ЗЄДТЫ ЧЫНДЗЄХСЄВ ’Фсатийы буц чызг Бадзинє... Уымєй рєсугъддєр кєм уыд! Иу бон єм йе ’мсєр зєдтимє Уастырджи курєг фєзынд. Барджыты цин ємє дугъєй Кєрдєг ємризєджы рызт. Уастырджи урсбарц єфсургъєй ’Фсатийы дуармє єрхызт. Мады дзуар хурварс кєм бадти, Зєдтє уым сарєзтой хъазт. Уазджытєм зєронд Єфсати Мидбылты худгєйє каст. Разгємтты рацыд Бадзинє, Диссаг — йє бакаст, йє конд. Зєдтє сє ног чындзы цинєй Систой сє зарєг бєрзонд. Циндзинад — зарєгєй кадджын, Йе ’гъдауєй —намысджын лєг. Елиа — чындзы ємдзуарджын, Уацилла — къухылхєцєг. Симынц нєртон симдєй зєдтє, Цуайнєгты нард фыд нєрсы. Рог дымгє арвы бєрзєндтєм Фєндыры зєлтє хєссы. 24
Бон ємє єхсєвы арєн... Мєйє фєлмєн рухс кєлы. Зруджы зєрин Мадымайрєм Зєдты фєндараст кєны. Уыцы бон Иры цы ’гъдау уыд, Уый нє чындзєхсєвты уєд. Цард нє йє сызгъєрин науыл Амонды фурдмє хєссєд. Уыцы рєсугъд боны хъармєй Зєхх цыма хъарм у ныр дєр. Зєдтє ’мє дауджыты фарнєй, Ирыстон, цєр ємє цєр!
* ||*Ш&#ь* ЦАРДЫ ФИДАУЦ Хурагурєг чи цєуы мєйдары?! Бонмє бакєс, райсоммє фєлєуу. Царды фєндаг сонт рєдыд нє бары, Царды зилдух мады зєрдє нєу. Баззади фєрныг ємбисонд ахєм, Зондєн єххуыс, уалдзєгмє фєндаг: «Саргъыбєх хъєздыг хєдзарєй балхєн, Хорз хъєубєсты бацагур чындзаг». Араз цард рєсугъд зєрдєйы уагыл, А зєххыл нєй растдзинад єндєр. Хорз бєх дє нє ныууадздзєн фєндагыл, Хорз сылгоймаг — амєндты хуыздєр. Хорз єфсинєй бузныг вєййы уазєг,— Дары йын йє рєсугъд арм фынгєн. Хорз єфсин у царды фидауц, уалдзєг, Бинонтєн фєлмєн хуры хуызєн. Цардуарзон сылгоймагєй, тєхуды, Амондджын кєй ыскодта хъысмєт! Хорз єфсин йє мидбылты куы худы, Бахуды бєрзонд уєларв дєр уєд. Баззади фєрныг ємбисонд ахєм, Зондєн єххуыс, уалдзєгмє фєндаг. «Саргъыбєх хъєздыг хєдзарєй балхєн, Хорз хъєубєсты бацагур чындзаг». 26
ХЪЄБУЛЄЙ АМОНД Хъєбулы стыр цин цы амонд дєтты, Єз уый агуырдтон арвы кєрєтты, Єз уый агуырдтон мє хуыздєр азты, Сызгъєрин хуры фєлмєн ыскасты. Хъєбулєй амонд — зєрдєйы мєсыг, Хъєбулєй амонд — мє цины цєссыг. Єз єй агуырдтон хєххон уєлвєзты, Єрвдидинджыты сєууон ныхєсты. Хъєбулєй амонд, цєй тынг зынаргъ дє, Бєрзонд уєлєрвтєй мє дзырдмє тахтє. Зєрдєйы ныхас уєлєрвтєм хъуысы, Ныр хурау худыс мє хъарм хъєбысы. Мєн афтє фєнды, мє адджын кєстєр, Бирє куыд уарзай нє Иры бєстє, Ирон лєджы ном бєрзонд куыд хєссай, Фыдєлты зєххыл цытєн куыд бєззай. Уалдзєг рєсугъд у йє худгє хурєй, Ныййарджытє та — сє буц хъєбулєй. Цы хур мыл ракаст, цы цин єрцыди, О, уыцы амонд нырмє кєм уыди! 27
УРС ХОХЫ МЄСЫГ Нєртон симдєй єрымысєм Нє фыдєлты — нє уидєгты. Зєххыл нєй ахєм хорз бєлас, Ємє євзєр дыргъ чи дєтты. Мєнє цы хорз дє, хи артдзєст, Нє ирон зєххыл барджынєй! Тєхуды ємє чи бафсєст Цєрынєй ємє уарзынєй! Урс хохы мєсыг — урс дурєй, Фєлгєсы рындзєй арф коммє, Лєппуйы зєрдє усгурєй Цинтє фескъєфы уарзонмє. Цєй, бабуц кєнєм хистєры, Уый зондєй кєстєр цард ары. Фыдєлты фарнєй чи цєры, Уый нын нє фєндаг рухс дары. Цєргєс йє уды дзєбєхєн Арвыл тєхгєйє фидауы. Бирє цєрат, ирон зєххыл Йє уарзондзинад чи тауы. Нє райсом боны фєндтимє Фидєнмє хуыздєр акєсєм. Фєндыры дзургє зєлтимє Иры фарн дарддєр ахєссєм. 28
Нєртон симдєй єрымысєм Нє фыдєлты — нє уидєгты. Зєххыл нєй ахєм хорз бєлас, Ємє євзєр дыргъ чи дєтты. Мєнє цы хорз дє, хи артдзєст, Нє ирон зєххыл барджынєй! Тєхуды ємє чи бафсєст Цєрынєй ємє уарзынєй! ^ЙУ|#^
МЄ ЦЪЄХЦЄСТ УАЛДЗЄГ Мє сабыр уатмє хуры тын єртахт, Зєрин хуры тын амонды хуызы. Мє уды цинєй мє фєндыры цагъд Сызгъєрин зєлтєй уєлєрвтєм хъуысы. Мє рухс хуры тын, мє цъєхцєст уалдзєг, Ды мєм єрцыдтє арвы хєдзарєй. Єгас цу, уєдє, Хуыцауы уазєг! Бузныг, Уєлєрвтє, ує буц лєварєй. Єз дын фєлмєн цард, удєнцой курын Сєууон райсомтє, мєйрухс изєртєй. Єрбайхъус-ма мєм, дєуимє дзурын Ирон фєндыры єхсызгон зєлтєй. Нєй амондджындєр зєххыл мєхицєй, — Цы хур мєм єркаст бєрзонд уєларвєй! О Мады Майрєм, табу дєхицєн, Єз хурау худын дє буц лєварєй. Мє цин євєрын ирон зарєджы. Мєнє цы хорз у зєрдєйє уарзын! Мє дунейы рухс, дє дыуує цєсты... Кєсын цєм ємє царды цин нуазын. Арвы дидинєг, дєуыл єй барын, Дєуєй рєсугъддєр цы ис лєварєн?! Мє цъєхцєст уалдзєг, нє йє ємбарын, Зєххыл єнє дєу нырмє куыд цардтєн?! 30
МЄ ЦИНЫ СТЪАЛЫ Дєуыл мє зєрдє цы ныфсєй дарон, Дє мєтєй єви дє уарзтєй риссон? Дзырдты хуыздєрєн цы дзырд ыссарон, Мє риуы арфєй цы зєлтє сисон? Арвы хуызтє дын арвыєрдынєй Зєхмє єрисин — мє уды лєвар, Фєлє цєм уєддєр, тєрсын єз уымєй, Куынє байгом уа дє зєрдєйы дуар. Уєд та, бєлєстє, дзырдамонд райсон Ує цъєх сыфтєрты сыбар-сыбурєй, Мє зєрдємє кєд иу фєлмєн райсом Сызгъєрин иу тын єрхауид хурєй. Тєхуды, базон, кєй уындєй тайыс, Кєй ныфсєй цєрыс, кєй рєсугъд фєндтєй. О хъал Терчы дон, куыд тындзгє уайыс, Зєгъ-ма мын исты дє урс уылєнтєй. Мє цины стъалы, бєрзонд уєларвєй, Тємєнтє калыс бєрзонд уєларвєй. Зєрдєйы бынєй цы дзырдтє сисон, Цы зєлтє сисон мє риуы арфєй? 31
НЄХИМЄ ЦЄУЫН Мє уарзон хъєумє мєн хоны абон Быдираг фєндаг, Ємє та райхєлд єрвдидинєгау Мє зєрдєйы уаг. Мєн уарзондзинад йє рухс базыртыл Цы хъєумє хєссы, Уым ацы бонмє мє ныййарєг мад Єнхъєлмє кєсы. Чындздзон чызджытау єрвдидинджытє Бєрзонд къуыбыртєй Мє размє згъорынц тємєнтєкалгє Єнгом дзыгуыртєй. Єз дєр-иу афтє кєддєр, мє буц мад, Дє размє згъордтон, Дє фєлмєн бахудт, дє рєвдыд ныхас Нє ферох кодтон. Мєнєн мє зєрдє ды срєсугъд кодтай Дє къухты хъармєй. Амонды дуар мын ды байгом кодтай Ирон єфсармєй. Мєн уарзондзинад йє рухс базыртыл Цы хъєумє хєссы, Уым ацы бонмє мє ныййарєг мад Єнхъєлмє кєсы. 32
Мєнєуы зад хуым йе ’фсирты змєлдєй Мє фєллад суры. Зонгє хъєлєсєй сызгъєрин быдыр Дє ном ысдзуры. Куыннє цин кєнон, — нєхимє цєуын, Нєхимє здєхын. Адайы ’фцєгєй Дурджын Бєрзондмє Цєргєсау тєхын. Цєй амонджын у уымєн йє къона, Йє цєрєнбынат, Кємє рауайдзєн мидбылты худгє Йє ныййарєг мад! Мєн уарзондзинад йє рухс базыртыл Цы хъєумє хєссы, Уым ацы бонмє мє ныййарєг мад Єнхъєлмє кєсы.
ФЄЛМЄН ХУР Цємє бєллыдтєн мє цєргєбонты, Єз уый ыссардтон дє уынд, дє конды. Єз никуы федтон ахєм рєсугъды, Мєй кємєй кєсы, хур кємєй худы. Уарзондзинад у мє царды бындур, — Зєрдєйы арвыл рєсугъд фєлмєн хур. Амєндты хуыздєр, мє цин мын райхал, Сызгъєрин уалдзєг мє риуы райхъал. Мє цин мын райхал, фєсур мє катай, Ды мын базыртє тєхынмє радтай. Мєн та хєрзамонд єндєр нє хъуыди, Фырдиссагєй мє тєхын фєндыди. Цємє бєллыдтєн мє цєргєбонты, Єз уый ыссардтон дє уынд, дє конды. 34
АРВЄЙ ЦЫ КУРЫН Зєххыл цємє бєллын, арвєй цы курын, Уый єз мє зєрдєйы уадындзєй дзурын. Дзурын єй, о мє хур, хуссар уєлвєзтєн, Дзурын єй тар хъєды сатєг бєлєстєн. Фєлє йє дєуєн та, цєй-ма, куыд зєгъон? Хуры тын курынмє хурмє куыд тєхон? Арвмє дєр, зєхмє дєр дзурын дє номєй, Дзурын цєм кувєгау сусєг-єргомєй. Зєрдєйы циндзинад барєй ємбєхсын — Мє уарзондзинадєн раргомєй тєрсын. Зєххыл цємє бєллын, арвєй цы курын, Уый єз мє зєрдєйы уадындзєй дзурын. Дзурын єй єхсєвтєн, дзурын єй бонтєн, Дзурын єй Арыхъхъы Дурджын Бєрзондєн. Исчи мє фехъусдзєн, исчи — нє зонын, Ехх, уєддєр єз мєхи амондджын хонын. Уарзонєн а зєххыл хорзєй цы курын, Уый єз мє зєрдєйы уадындзєй дзурын. Уалдзыгон арвыл, дам, ирддєр у стъалы, Бєлас дєр дидинєг уалдзєджы калы. Уарзт та ємбєхст цин у, зєрдє дзы райы, Амондджын рухс фидєн цєстытыл уайы. 35
КЄДДЄРЫ УАЛДЗЄГ Ахєм рєсугъд уалдзєг Никуы уыд а бєсты. Уалдзєг фєндырдзагъдау Баззад мє сагъєсты. Уєдє цєй диссаг дє, Базырджын азты рад. Хурхєтєн афоны Бамбєрзтон уарзты ад. Зєххыл кєй мысыдтєн, Арвыл кєй агуырдтон, Далє стыр Елхотты Хъазты уый базыдтон. Уый кєд цєргєс уыди, Уый кєд ыстъалы уыд, Мемє єнєскафгє Нал лєууыд, нал лєууыд. Гъе стєй нєртон симды Фергом и уалынмє. Фергом дыргъбєласау Дидинєг калынмє. Фєлє чызджы зєрдє Йе стыр цин не ’вдыста, Уды дзєнгєрєг та Амонд нє фехъуыста. 36
Цєргєс, мє цин-цєргєс Атахти азтимє. Мє уд мын ахаста, Оххай, йє уарзтимє. Ахєм рєсугъд уалдзєг Никуы уыд а бєсты. Уалдзєг фєндырдзагъдау Баззад мє сагъєсты.
^#&&я УЫЙ ДЫН - МЄ УАРЗОН Хєххон дидинєг цъєхнєуу бєрзєндты, — Уалдзєджы фаззон. Нє Иры зєххєн фидауц чи дєтты, Уый дын — мє уарзон. Цы бєлон федтон Єрджынарєджы, Хурварс — йє ахстон. Елхотаг рєсугъд — тасгє астєуджын, Уый дын — мє уарзон. Фєндыры цагъдмє къєрццємдзєгъд бафтыд, Мє цин — уєларвон. Ирон хъазты-иу аив чи кафыд, Уый дын — мє уарзон. Мєй — арвы паддзах, дєрдты фєлгєсєг Єхсєв — єнафон. Талынг зєрдєйєн удєнцойхєссєг, Уый дын — мє уарзон. Терчы уылєнтєм къахыр фєндагєй Цъитидон кєлы. Цєй тынг хъєздыг у, йє риуы дзагєй Уарзгє чи кєны. Хєххон дидинєг цъєхнєуу бєрзєндты, — Уалдзєджы фаззон. Нє Иры зєххєн фидауц чи дєтты, Уый дын — мє уарзон. 38
МЄ ЦАРДЫ ЦИН Кєддєр єз уєлєрвты кєй агуырдтон, Сєрдыгон рєсугъд бон кєй базыдтон, Уый зєххыл ме стъалы куы разынди, Мє цард мє єнє уый уєд нал хъуыди. Сылгоймаг амондджын цємєй вєййы: Арвы дуар куы байгом уа зєрдєйы. Сызгъєрин базыртыл — нє фєндєттє, Зєлдагхуыз цъєх нєууыл — нє фєндєгтє. Дидинєгбєлєстєн — сє рєсугъддєр, Мє адджын хєрзфынты кємє худтєн, Уый царды ды уыдтє, дєумє дзырдтон, Уєлєрвтєй цєстырухс дєуєн куырдтон. Хєрзгєнєг дзуар єви зин уыди? Фєлє ма уый єнхъєл чи уыди, Искуы ма иумє мах кафдзыстєм, Адємыл циндзинад уардзыстєм?! Нє хєхтєн сє фидауц — сє бєлєстє, Ирон фєндырєн та — йє хъєлєстє. Не ’фсєдынц хуримє хъазынєй, Арвы бын ацы зєхх уарзынєй. Чи кєны фєндонхорз уынаффєтє, Уыдоныл сємбєлєнт нє арфєтє. Амонд уєм єрцєуєд фарнимє, Зєрдєйы рухс ємє хъармимє. 39
ЄЗ КЄЙ АГУЫРДТОН Бєрзонд уєларвєй цы стъалы куырдтон, Єз, кєй агуырдтон, амонд кєй хуыдтон, — Сєууон Бонвєрнон... Уый зєххыл ссардтон. Б а з а р д: Єгас цу, уєдє, хєрзконд чызг-уазєг, Мє амонды хай — Хуыцауы лєвар. Дєуєй ысрєсугъд мє царды уалдзєг, Ды байгом кодтай мє зєрдєйы дуар. Єз кєй агуырдтон мєйрухс изєрты, Ирон фєндыры сызгъєрин зєлты, Уыцы чызгимє Мєн кафын фєнды. Б а з а р д: Єгас цу, уєдє, хєрзконд чызг-уазєг, Мє амонды хай — Хуыцауы лєвар. Дєуєй ысрєсугъд мє царды уалдзєг, Ды байгом кодтай мє зєрдєйы дуар. Уарзондзинады бєрзонд ыстъалы Дє сау цєстыты тємєнтє калы. Єз кєй агуырдтон — Сєууон Бонвєрнон. 40
Б а з а р д: Єгас цу, уєдє, хєрзконд чызг-уазєг, Мє амонды хай — Хуыцауы лєвар. Дєуєй ысрєсугъд мє царды уалдзєг, Ды байгом кодтай мє зєрдєйы дуар.
НЫЙЙАРЄГЄЙ АМОНД Нє базыдтон никуы, циу мады рєвдыд, Мє сабидуг сидзєр, євєгєсєг уыд. Сєууон хур цъєх арвєй Мєн тавта йє хъармєй, Ємє мєм уый касти мє мады рєвдыд. Фєзынди мєм фыны уєд иу хатт мє мад, Єнкъард уыд йє хъуыды, фєкодта мєм загъд. Дєхи, дам, цы марыс, Дє цєссыг цы згъалыс? — Хєцыд мєм рєвдаугє мє сызгъєрин мад. Ныййарджыты фєдыл єнкъардєй кєсын, Мє риуєн йє арфы мє сагъєс хєссын. Нє бафсєстєн хурєй, Зєрдєрыст, сєркъулєй Ныййарджыты фєдыл єнкъардєй кєсын. Цымє дзы кєцы у мє мады єнгєс, Цымє дзы кємєн ис мє мады хъєлєс? Йє бахудт, йє кастєй, Йє цин ємє уарзтєй Цымє дзы кєцы у мє мады єнгєс? Ныййарєгєй амонд...Цєй диссаг у, цє! Уый єрдзы хєрзтимє нє кєны хєццє. Ємє йє буц дарут, Ныййарєгєн барут. Ныййарєгєй амонд...Цєй диссаг у, цє! 42
ЦАРДЫ АД Дє адджын хъєбулєн йє авдєн Кєд ауызта искуы дє мад, Уєд зоныс, куыд диссаг у амонд, Уєд базыдтай цардєн йє ад. Дє хистєртєн кад ємє радєй Фєкодтай кєстєры лєггад, Уєд зоныс, уєд зоныс, циу амонд, Уєд базыдтай цардєн йє ад. Кєд искуы нє фєндыры цагъдмє Фырцинєй дє цєссыг єруад, Уєд зоныс, цєй диссаг у амонд, Уєд базыдтай цардєн йє ад. Нє Ирєн йє райсомы мєтєй Дє зєрдє фєлмєст у, фєллад, Уєд зоныс, уєд зоныс, циу амонд, Уєд базыдтай цардєн йє ад. Кєд уарзыс нє фыдєлты бєстє, Дє удєй йє уарзыс фылдєр, Хуыздєр фырт уєд Иры нє хъєуы, Уєд амонд нє хъєуы єндєр. 43
МАДЫ ЗАРЄГ Хъєугєрон федтон нєудзар хєхты раз, Фєндагмє хєстєг гуыбырхуыз бєлас. Уый кєд мє мад у, кєд, мыййаг, тыхсы, Уарзон хъєбулмє єнхъєлмє кєсы. Дунейы хєрзтєн сє диссагдєр — мад, Цардєн йє цин у уый, цардєн — йє ад. Мадєн йє уарзтєй у зєрдє бєрзонд, Мады фєлмєн уарзт нє кєны зєронд. Рагбонтєй арєх єрбайхъусын єз Царды уылєнтимє мады хъєлєс. Мад цыма, раджы куыд уыди, кєддєр, Афтє мын дзуры, фєдзєхсы цыдєр. Амондєй исчи уыди кєд єххєст, Мады рєвдыдєй, уєд мадєй єрмєст. Йе сдзырд, йє бахудтєй схъарм вєййы дур, Йе схуыст ныхасєй дєр ракєсы хур. 44
МЄ ЗЫНАРГЪ ИРЫСТОН Хєхты ирон дзырд кєм хъуыстон, Быдыр кєм ныззылд уєрєх, Уый у мє уарзон Ирыстон, Уый у мє райгуырєн зєхх. Уалє зєринбарц єфсургъыл Хурбарєг дугъы кєм уад, Уым мєн йє сызгъєрин къухтыл Схаста мє сызгъєрин мад. Бонрухс мын боны цин радта, Курдиат райстон єрдзєй. Уарзон цєстєнгас мєм дардта Єхсєвы урс паддзах — мєй. Хєхтє — Иры къєсєртє, Раст цыма арвмє фєндаг. Уый кєд Ирыстоны зєрдє Хъахъхъєнынц хєхтє, мыййаг. О мє Ир, базыртєбастєй Зарєгєн атєхєн нєй. Зєрдє рєсугъд у дє уарзтєй, Дуне зынаргъ у дєуєй. Зарєг нє Иры хъєбысы Дзыллєйы фарнєй — єххєст. Зарєг цы бєстєйє хъуысы, Амондджын уый у єрмєст. 45
БИНОНТЫ МЄСЫГ Мє уєздан фыд, єз дєн мє цардєй разы, Дє амондєй мє сбуц кодта Хуыцау. Ємє дє цыма дун-дуне дєр уарзы Дє зарєггєнєг, де ’рвхуызцєст чызгау. Єз дє уынын, цєвєгєй хос куыд карстай, Куыд ластай хъєдєй дзаг суджы уєрдон. Уєддєр-иу мє дє фєллад къухтыл хастай, Уєддєр-иу хур дє цєстыты уыдтон. Мє кадджын фыд, ды бинонты мєсыг дє, Дє ном дзуры мє фєндыры хъєлєс. Дєуимє єз ирон зєххыл хъєздыг дєн, Нє ирон зєххыл базырджын дєн єз. Изєрыгон, къєсєрыл-иу куы ’рбадтє, Сызгъєрин мєй йє дзаг цєстєй куы каст, Уєд-иу дын мах, дє зєрдєйы уаг хатгє, Нє гыццыл кєрты ацарєзтам хъазт. Фєндырдзагъдмє-иу къахфындзтє куы ’рсагътай, Єндєр цин ма дє цотєй уєд кєй хъуыд?! Уєд-иу ды та дє мидбыл худгє загътай: «Чызджытє, ох, мє фєллад ныр ыссыд». Мє кадджын фыд, ды бинонты мєсыг дє, Дє ном дзуры мє фєндыры хъєлєс. Дєуимє єз ирон зєххыл хъєздыг дєн, Нє ирон зєххыл базырджын дєн єз. 46
Мє мад, цыма єнцад цєугє дон, афтє, Мє зынаргъ фыд та урс хохы хуызєн. Ує дыууєйєн дєр арфє кєнын, арфє, Зєрдєйы фарнєй срєсугъд кодтат мєн. Мє кадджын фыд, ды бинонты мєсыг дє, Дє ном дзуры мє фєндыры хъєлєс. Дєуимє єз ирон зєххыл хъєздыг дєн, Нє ирон зєххыл базырджын дєн єз.
**У ¦’-* л***^** " О МЄ МАД! О мє мад! Єз алкємдєр уєнгрогєй Де сныхас, дє хъєлдзєг хуыз фємысын. Абон та дєм Єрцыдтєн, ємє ногєй Аныгъуылдтє стыр цинты хъєбысы. Єрызгъєлд цыма Азты чырс дзыккуйє, Схудын кодтай кады фынг дє исєй. Сау бєгєны Де студент лєппуйєн Рахастай нє фєрнєйдзаг къєбицєй. О мє мад, Єз алкємдєр уєнгрогєй Де сныхас, дє хъєлдзєг хуыз фємысын. Дєу мє уарзтєй Сбуц кєнын рєсугъдєй, О мє мад, куынє бафта мє къухы, Уєд мє цард — Єлгъитинаг, кєуинаг, Уєд мє цард фєуыдзєни фыдфынєй. Ехх, тєхуды, Зєрдєйы фєндиаг Чи бафсєды мадимє цєрынєй! 48
Ехх, тєхуды, Зєрдєйы фєндиаг Чи бафсєды мадимє, чи бафсєды мадимє, Чи бафсєды мадимє цєрынєй! 4 3аказ№ 1358
СЫЗГЪЄРИН МАД Зєххыл ис иунєг хєзна царды, Ємє уый мад у, мє хур, мад. Йє рєвдыд сау дуртєм дєр хъары, Фєсуры зєрдєйы фєллад. О мад, сызгъєрин мад, дє хєрзтєй Ды кєныс кєстєрты єнгом. Тєхуды, зарєджы ныхєстєй Єнусон чи скєны дє ном! Дє къахвєд агурын нє хєхты, Дєу єнхъєл уардитєм кєсын. Куырттаты стыр комы уєрєхы Дє хуыз мє цєстыты хєссын. Мє зарєг сарєзтон дє мєтєй, Йє зєлты бавєрдтон мє уарзт. Дє зынаргъ Къадаты бєрзєндтєй Мє удмє хур цыма єркаст. Цы хорз у, чи сбуц кодта мады Ємє йын чи радта єгъдау, Зєххыл уый дзыллєты нымады Йє фарнєй батавдзєн Хуыцау. Хуыцау та бєрзондєй фєлгєсы, Хєрзудтєн риссынєй тєрсы. Хуыцау... Уый цєсгоммє нє кєсы. Хуыцау... Уый зєрдємє кєсы. 50
ЄРТХУРОН Ой Єртхурон, Єртхурон, Хурты хурон — Єртхурон! Фыдєлты фарн уын єрхєссєд Зєрин Хур ємє Арты Зєд. Йє кувинаг куыд дзаджджын, Куыд дзаджджын у, куыд адджын, Гъе афтє дзаджджын уєд дарддєр Нє ирон зєххыл ує цард дєр. Єртхуроны зєрин чызг Чындзы цы бон єрцыди, Гъе уыцы боны хєрзамонд Сызгъєрин хурау куы уыди. Хєдзар райдзаст цємєй у? — Єртхуронєн йє фарнєй. Хорз лєг та уєд хорз цємєй у? — Єхсар ємє, дам, єфсармєй. Сылгоймаг та фєлмєн хур — Йє бахудтєй, йє кастєй, Зєххєн дєр фидауц чи дєтты Йє фєлмєн рєвдыд, йє уарзтєй. Ой, тєхуды, тєхуды, Амонд цардыл куы ’ххєссид! Нє Ирыстоны зєрдєйы Єдзух зєрин хур куы кєсид! 51
ОЙЄНА Цардєй мын бафсєдєй, ой Єна, Ракєс-ма, ракєс дє хъєбулмє. Рагуалдзєджы дидинєгау Циндзинад райхєлд мє зєрдєйы, Мады фарсмє, мады цинтєй Мєнє куыд рєсугъд у цард! Цардєй мын бафсєдєй, ой Єна,— Радтай лєварєн мын хорз зєрдє. Хорз зєрдє та уарзынєн у. Мад ємє Райгуырєн бєстєйє Ацы зєххыл, ацы зєххыл Адджындєр, уарзондєр нєй. Цардєй мын бафсєдай, ой Єна, — Афтє мє чи скодта базырджын. Уый, мє буц мад, уый ды уыдтє, Кєм фєнды ма уон, мєн дє цурмє Цин ыскъєфы, зарєджы цин, Раст цыма арвмє тєхын. Цардєй мын бафсєдай, ой Єна, Мєнє дє лєппу — бєлццонарєзт. Бафєдзєхс єй Иры зєдтыл, Ємє йыл амонд ємбєлдзєни. 52
Уарзгєйє, дам, хус бєлас дєр Рафтаудзєн иу хатт сыфтєр. Цардєй мын бафсєдай, ой Єна, Ракєс-ма, ракєс дє хъєбулмє. Хорз амонд у, царды диссаг, Хурмє куыд райхєлы дидинєг. Царды цинтєй афтє рєвдыд, Афтє рєсугъд у мє уарзт.
ЦЪЄЙДОН Сау хохєй сызгъєрин хур єркаст, Комы стынг Цъєйдоны хивєнд хъазт. Фесхъиуынц йє уылєнтє нєргє, Цъєйдон — Цъєйы комы зєрдє. О Цъєйдон, кєсын та дєм, кєсын, Демє мє єрфєндыди тєхын. Айсєфти мє рыст уєнгты фєллад, Цъєйдон, дє базыртє мын ратт. Амонд мєм Цъєйы комєй єрцыд, Рухс аргъау — йє конд ємє йє уынд. Хорз чызгыл сєрєн дзурєг хъєуы, Цъєйдон, мє минєвар фєуы. Сау хохєй сызгъєрин хур єркаст, Уый хур нєу , уый у мє судзгє уарзт. Ємє, цєй, мє зарєджы хъєлєс, Цъєйдон, рєсугъд чызгмє фєхєсс. 54
ЧЫЗДЖЫ САГЪЄСТЄ Арыхъы сєрмє куыд хорз фидауы Цєргєсты зилдух бєрзонд цъєх арвыл! Гъе афтє цымє мє циндзинады Кєд ныззилдзєни нєртон симд дардыл? Б а з а р д: Тєхуды ємє йє цардуалдзєджы Уарзондзинады рєсугъд дидинєг Кєй зєрдєйы ’рцард, кєй риуы райхєлд. Нє хъєуы уынгты тєхгє єфсургъыл Цы уазєг фєзынд, цы барєг хъазы! Цєй амондджын у, кєй дуармє ’рхиздзєн, Цєй амондджын у, цы чызджы уарзы! Сєумєрайсомы єртєхцєссыгтє Єрвдидинджытау — мє чындздзон базыл. Єнахуыр барєг, куы нал дє федтон... Уєддєр цы хорз у, цы хорз у уарзын! Хъєриуы хохєн йє фароны мит Ацы уалдзєджы уєд та куы ’ртаид. Мє уарзондзинад сызгъєрин хурмє Євзонг талайє бєлас куы суаид. Рєсугъд бєллиц мын єнцой нє дєтты, Мє риуы фезмєлд єхсызгон сагъєс. Тєхуды ємє уарзон хєдзармє Дє зєрдєйы дзаг циндзинад бахєсс! 55
УЫЙ УАРЗОНДЗИНАД У Уалдзыгон бєласы афтє бафарстон: «Зєгъ-ма мын, зєгъ-ма мын, циу уарзондзинад?» Бєласєн йє цєсгом єваст уєд фєрухс и, Фєзынд ыл цъєх сыфтєртє. Єз арвы бєрзєндты афтє куы фарстон: «Зєгъут-ма мын, зєгъут-ма мын, циу уарзондзинад? Цъєх арвы иу кєрон єваст уєд фєсырх и, Ємє скаст єрттивгє хур. Иу рєсугъд цъиуы уєд афтє куы фєрсын: «Сызгъєрин фестай ды, циу уарзондзинад?» Цъиу дын уєд базарыд, йє базыртє сцагъта, Уєлєрвтєм фєтахти, гъей! Зєххєн єз йє бынмє уидєгты фарстон: «Сымах та цы зєгъут, циу уарзондзинад?» Кєсын уєд, ємє дын сызгъєрин євзартє Зєххы цъар ыстыдтой, гъей! Уалдзыгон бєласєн сыфтєр чи радта, Цъєх арвы зєрин хур кєй коймє скасти, Уый уарзондзинад у, уый уарзондзинад у, Хєзнаты хєзнадєр, гъей! Цъиуы дєр заргєйє тєхын чи кєны, Уидєгтє зєххы цъар кєй коймє стыдтой, Уый уарзондзинад у, уый уарзондзинад у, Нє исбон, нє амонд, гъей! 56
МЄ ЗАРЄГ Зарєг єртахти єнустєй, Зєрдєтєй суры фєллад. Зарєг, дє сызгъєрин рухсєй Базыдтон цардєн йє ад. Зарєг у царды хъєбысы Уарзондзинадєй єххєст. Зарєг цы бєстєйє хъуысы, Амондджын уый у єрмєст. Зарєг у бонырухс уарди Зєххы ныв, арвы тынтєй. Зарєг кєй зєрдєйє ’рцыди, Уымєн єнє уарзгє нєй. Стъалытє цас и уєларвыл, Цал сыфы рафтыдта хъєд, Уал ємє уал хорзєй царды Хайджын ує алчидєр уєд! 57
ИРОН ЧЫЗДЖЫТЄ Карсанаты Тамарєйєн Кємдєр фєсхох євдадзы суадон гуыры, Вєййы сєрдыгон дзаг мєйы єнгєс. Тєхуды ємє амондимє иумє Ирон чызджытєн уыцы мєй єрхєсс! Ирон чызджытє, алкємдєр ує цинєй Нє зєрдєты сымах ыссудзут арт. Ує къухты хъарм, ує худгє цєстєнгасєй У афтє уарзон, афтє рєсугъд цард. Хєххон уыгєрдєн — уалдзєгау цъєхбазыр, Йє дидинджытє — стъалыты єнгєс. Тєхуды ємє амондимє иумє Ирон чызджытєн стъалытє єрхєсс! Куы акєсай нє рухс Иры бєстємє, Уєд уыцы рухсы уе стыр фарн дєр ис. Сымах фєсурут усгурєн йє сагъєс, Сымах фєсурут рынчынєн йє низ. Фєрынчын ме ’рдхорд усгуры хъынцъымєй, Суанг боныцъєхмє фесєфы йє фын. Тєккє райсом ын Хуры чызгмє курєг Ирон хєдзармє минєвар цєуын. 58
ЗЄДЫ ЗЄРДЄ Адєм кєрєдзи куы фєуарзынц, уєд Се ’гъдау, сє намысыл цин кєны зєд. Зєдбадєн рындзєй уый зєхмє кєсы, Дзыллєтєн иудзинад, амонд хєссы. Се ’гъдау, сє намысыл цин кєны зєд, Адєм кєрєдзи куы фєуарзынц, уєд. Адєм кєрєдзийы куынє уарзынц, уєд Арвы къєсєрыл нынкъард вєййы зєд, Зєхмє фєлладєй, фєлмєстєй кєсы. Зєдбадєн рындзєй сєлфынєг хєссы. Арвы къєсєрыл нынкъард вєййы зєд, Адєм кєрєдзи куынє уарзынц, уєд. Царды куы вєййы лєджы хуызєн лєг, Дзыллєты астєу у хурау бєрєг, Адємы цард дєр єндєр вєййы уєд, — Се ’гъдау, сє намысыл цин кєны зєд. Дзыллєты астєу у хурау бєрєг, Царды куы вєййы лєджы хуызєн лєг. Адєм кєрєдзи куы фєуарзынц, уєд Се ’гъдау, сє намысыл цин кєны зєд. Зєдбадєн рындзєй уый зєхмє кєсы, Дзыллєтєн иудзинад, амонд хєссы. Се ’гъдау, сє намысыл цин кєны зєд, Адєм кєрєдзи куы фєуарзынц, уєд. 59
ЛЄППУЙЫ САГЪЄС Судзгє уарзт бадомдта зєрдє, Цєстытыл уайы дє хуыз. Фєлє та ацы изєр дєр Сидзєрау иунєг дєн єз. Мысын дє ахсєв дєр, мысын, Цас у лєппуйы мєт, цас! Бєлєсты бынєй мєм хъуысы Уарзєтты сусєг ныхас. Бєрз сє рєвдауы йє хихтєй, Тулдз та цыл зарєг кєны. Исдуг цєм баззадтєн джихєй, — Амондмє чи нє бєллы?! Рог дымгє єхсєвы тары Сыфтєртє здухгє хєссы. Арв мыл йє цєссыгтє згъалы, Мєй дєр цъынддзєстєй кєсы. Єхсєвы ’рхєндєг хуызимє Сиу и мє зєрдєйы уаг. Гъей-джиди, ємє дєуимє Чи ссары цардмє фєндаг! 60
АМОНДЫ ХОХ Осхамахує — авд хохы фєстє, Амонды хох — аргъєутты бєстє. Ам фехъуыстон уадындзы хъєлєс, Ам дє федтон, о мє дуне, єз. Чи бауарзта зєрдєйы бынєй, Уый рєсугъд у базырджын фєндтєй. Осхамахує — амєндты хуыздєр, Бакодта йє уацары мєн дєр. О, фєлє, мє дунейы рухс, зон, Ацы зєххыл цалынмє цєрон, Гъе уєдмє дє уадындзы хъєлєс Агурдзынєн, агурдзынєн єз. Осхамахує, бахуд-ма фєлмєн, Цардагур дыуує зєрдєйы ’хсєн Ды єрмєст дєр иу ахстон кєныс, Иу ахстон — дыуує зєрдєйы ныфс. Осхамахує уды рис сєтты, Осхамахує удєнцой дєтты. Ехх, мєнєн та дунейыл дєуєй, Бауырнєд дє, фидауцджындєр нєй. О, фєлє, мє дунейы рухс, зон, Ацы зєххыл цалынмє цєрон, Гъе уєдмє дє уадындзы хъєлєс Агурдзынєн, агурдзынєн єз. 61
Лк ФЫДЫ ФЄДЗЄХСТ Мє кадджын хистєр, мє сабыр фыд мын Афтє фєдзуры: — Тагъд ма кєн, мє хур, тагъд цєугє дон, дам, Не ’ййафы фурды. Нєй амонд арєн, нєй цард аразєн Єрмєст ныхєстєй. Хорз бєлас, мє хур, хорз у єрмєстдєр Йє дыргъты уєзєй. — Мє уєздан фыд мын уєд арєх-арєх Афтє фєдзєхсы: — Зєрдєйє архай,— зєрдєйы зарєг Арвмє єххєссы. Уалдзыгон бєлас, уый царды цинмє Лєууы єввахсдєр. Ды мын дидинєг, о, макуы ракал Афонєй раздєр. — Мє зынаргъ фыд мын фєсномыг дзырдєй Афтє фєкєны: — Иунєг мєгуыр у, иунєгєй цъиу дєр Ахстон нє кєны. Уарзондзинадєй рєсугъд кємєн у Йє зєрдєйы уаг, Уыцы иу амонд, уыцы иу хєзна — Хєрзуд адєймаг. — 62
Єз та єдзухдєр мє фыды ныхас Мє зєрдыл дарын. Мє фєндыры цагъд, мє зарєгєй йын Йє буц ном арын.
НЫРЄЙ ФЄСТЄМЄ Мє царды ис дыуує хуры, Мє хъысмєтимє баст: Уыдонєй иу мє зарєг у, У иннє та мє уарзт. Б а з а р д: Уалдзыгон арвыл дє сурєт федтон, — Мє бон єй ферох нєу. Нырєй фєстємє єз ивгъуыд бонты Агурдзынєн дєу. Ды мє ыскодтай базырджын Мє райсомы фєндтєй. Зєххыл єнє дєу уарзгєйє Мєнєн фєцєрєн нєй. Зєгъынц: зєрдєйє зєрдємє Ис уарзєттєн фєндаг. Дєуимє амонд агуырдтон, — Нє мє бамбєрстай фаг. Єз дын дзырдтон мє сагъєстє, Єз дын дзырдтон мє рис. Ды мын уєддєр нє фехъуыстай Мє зєрдєйы фєдис. 64
Б а з а р д: Уалдзыгон арвыл дє сурєт федтон, - Мє бон єй ферох нєу. Нырєй фєстємє єз ивгъуыд бонты Агурдзынєн дєу. 4& 5 3аказ№1358
ЗЄРДЄЙЫ ЦИН Уарзондзинад, дє хєрзтє — Єгъдау ємє єфсармєй. Ды уалдзєджы єнгєс дє Дє хурыскаст, дє хъармєй. Арвы фидауц — ыстъалы, Мєй, зєрин мєй — йє фарсмє. Цард дидинєг кєм калы, Уым райхєлди мє уарзт дєр. Уарзондзинад єнкъардтай Мє цєстыты єнгасєй. Ды мєм фєндаг ыссардтай Ирон уєздан ныхасєй. Дыуує удєн зын сахат Уарзгєйє у єнцондєр. Уарзєттєн, дам, парахат У иу тєнєг хєдон дєр. Нє хєхбєсты фєндєгтыл Сєрджын саг дєр фєллайы. Єнгом царды бєрзєндтыл Уарзондзинад нє тайы. Уарзондзинад єнкъардтай Мє цєстыты єнгасєй. Ды мєм фєндаг ыссардтай Ирон уєздан ныхасєй. 66
Уарзондзинад, дє хєрзтє — Єгъдау ємє єфсармєй. Ды уалдзєджы єнгєс дє Дє хурыскаст, дє хъармєй.
БЄЛЛИЦТЄ Зєрдє рєсугъд кєд вєййы? — Зєрдє амонд куы ссары. Цард хъарм ахстон ыскєнєд Ацы фєрныг хєдзары. Фєлтєрєй ам фєлтєрмє Єгъдау уыди рєбинаг. Нє хистєрты уєззау зонд Уыд кєстєртєн фєзминаг. Цємєй хорз у ирон лєг? — Єгъдау ємє єфсармєй. Сылгоймаг та — фєлмєн хур Йє цєстєнгас, йє хъармєй. Рєсугъд чи уыд лєппуйє Йє уды конд, йє зондєй, Дунейы фарн ыскєндзєн Уый намысджын зєрондєй. Йє адємы єгъдєуттє Чи уарзы, уый хъєздыг у. Уый хурбон уа, къєвдабон Ирон царды мєсыг у. Айнєг цъити кєм вєййы, Уым суадон дєр кєлдзєни. Ирон зарєг кєм цєры, Уым амонд дєр цєрдзєни. 68
Нє хъєубєсты — чындзєхсєв, Цин ивылы нє сыхєй. Дє фєндыр-ма, уєртє чызг, Ысдзурын кєн йє дзыхєй. Нє ног чындз та — зєххон зєд, Нє чызджыты євзаргє. О, фарны къах єрбавєр Дє хъарм цєрєн хєдзармє. Хєрзамонды бєрзєндтєм У цардуалдзєг ємхицдєр. Царды цинтєй ысрухс уєд Ує алкєйы бєллиц дєр. %%А4#
МЄ ХЪЄУ Хъысмєтєн агурєм йє хєрзтє, Мєнєн та йе стырдєр лєвар — Єрмєстдєр райгуырєн хъєубєстє, Єрмєстдєр райгуырєн хєдзар. Ирон зєхх диссаг у, мє хуртє, Йє цинєй цєссыгтє кєлынц. Мє зынаргъ хъєубєстєн йє дуртє Сє хъармєй мады ад кєнынц. Мє цєстыл ивгъуыд бонтє уайынц, Хур арвєй цингєнгє єркаст. Нє уынгты барджытє єруайынц, Нє сыхы — диссаджы чындзхаст. Єрлєууыд не стыр кєрт мє зєрдыл, Мє уд дзы цас цинтє уыдта! Ам мєнє, ацы рухс къєсєртыл Мє мад мын дзабыртє хуыдта. Фыццаг хатт банкъардтон, циу уарзын, Єхсєвєй нал иртєстон бон. Писмо дєм рудзынджы дєлбазыр Мє мады сусєгєй фыстон. Сыгъдєг уарзт зєрдєйы єнхъєвзта Мєйрухсы уалдзыгон єхсєв. Нє уынгмє рог уддзєф ыскъєфта Ує кєртєй сиренты хєрздєф. 70
Нєхимє дард балцєй куы здєхын, Уєд, цыма хъєубєсты уындєй Нє фєрныг хорз фыдєлты зєххыл Мєхицєй амондджындєр нєй. Нє хъєу — мє туг ємє мє хъєстє, — Хуыцауєй агургє лєвар. Єгас цу, райгуырєн хъєубєстє! Єгас цу, райгуырєн хєдзар!
КЪУХМЄРЗЄН Чындзы цы бон цыдтє, Рох мє нєу абон дєр: Атахт мє цардуалдзєг, Атахт мє амонд дєр. Уєддєр мє хъысмєтєй Буц ємє бузныг дєн: Мє дзыппы баззади Дє лєвар къухмєрзєн. Де ’рвхуыз къухмєрзєныл Де сконд нывєфтыдтє Удєн цы цин хєссынц... Уєдє цы чызг уыдтє! Уарзоны къухмєрзєн... Диссаг — йє кєрєттє. Стєхынєввонгєй цыл — Урсриу сырх бєлєттє. Цардєй куы фєриссын, Уєд єз дє къухмєрзєн Зєрдєйы хъєдгомыл Хъавгє єрбамбєрзын. Мє уды бєрзондыл Ме стыр уарзт нал тайы. Уалдзєг, мє цардуалдзєг Цєстытыл ауайы. 72
Ємє дєу мысгєйє Стєхынц єрвгєрєттєм Де ’рвхуыз къухмєрзєнєй Урсриу сырх бєлєттє! ^4
ЗАРЄГ - СЄУУОН ХУР Амондмє бєлгєйє цардмєсыг амайєм: Зарєг — нє исбон, нє цин ємє ’хсар. Зарджытє бирє сты, фєлє сє райдайєн Махєн Къоста у, Къоста ємє Нар. Зарєг ыстъалы у бонты хъєбысы, Ємє йє фарн дєр у бонты єнгєс. Зарєг уєлзєххєй дєлзєхмє дєр хъуысы, Зарєг — нє дуджы, нє царды хъєлєс. Тохы быдыры дєр зарєг нє састи, Тахти уєлєрвты, нємыгєй нє тарст. Зарєг — сєууон хур, кєй зєрдєйы скасти, Уымєн — тыхджындєр, рєсугъддєр йє уарзт. Адєммє баззади хорз єгъдау рагєй: Зарєгєй ’вдисынц сє зєрдєйы уаг. Зарєджы фєрцы маст исынц ызнагєй, Зарєгєй скєнынц хєлармє фєндаг. Амондмє бєлгєйє цардмєсыг амайєм: Зарєг — нє исбон, нє цин ємє ’хсар. Зарджытє бирє сты, фєлє сє райдайєн Махєн Къоста у, Къоста ємє Нар. 74
ХЄХТЫ ЗЄЛТЄ Сызгъєрин азтє, чындзєхсєвы рад, Бєркадджын фєззєг... Нє хєхты зєлтє, нє хєхты зєлтє — Удєнцой хєссєг. Ирон фєндырєй, ирон зарєгєй — Цєй хъал у зєрдє. Нє Иры зєххыл цинтє чи тауы, Уый — «Хєхты зєлтє». Дєлє быдыры чындз єрбацєуы, — Хур ракаст фєзтєм, Чындз єрбацєуы, чындз єрбацєуы Фєрныг хъєубєстєм. Йє рахиз уєхскыл — къєлєтєрфыг мєй, Авдєны хуызєн, Ацы бон чындз, ацы бон чындз Амондджын уыдзєн. Нє хєхты зєлтє — фєндагамонєг У арзондзинадєн. Ує кєстєртимє бирє фєцєрат, Мєнє хорз адєм! 75
ног чындз Ног чындз, — фєлмєн уалдзєг, хуры єнгєс, Хєдзары бинонтєн амонд єрхєсс, Амонд єрхєсс! Махєн нє фыдєлтєй баззади хорз єгъдау: Хистєрыл баузєл, кєстєры барєвдау. Уалдзєг куыд рєсугъд у хуры тынтєй, Афтє нє ног чындз дєр — кондєй, уындєй, Кондєй, уындєй! Мєнє дын хорз фєндаг — не ’гъдау мыдыкъусєй Хєдзармє фарны къах бавєр зєрдєрухсєй. Ацы рєсугъд боны ахєм фарн уєд, Царды куыд ныууадзай хорз цотєй фєд, Хорз цотєй фєд! Нарты Сатанайау номдзыдєй, кадджынєй Бирє куыд фєцєрай уарзонєй, кадджынєй. Дунейыл уарзонєй фидауы цард, Ирыл дє хорзы кой айхъуысєд дард, Айхъуысєд дард! Зєрдє рєсугъд кєны амонды уалдзєгєй, — Цардєй нын бафсєдут хионєй, уазєгєй! 76
*Уйк& ДИДИНЄГ МА РАКАЛ — Дидинєг ма ракал, дидинєг ма ракал, — Уалдзєг нєма ’рцыд нырма. Дидинєг калынєн, дидинєг калынєн Афон нєма у, нєма. — Бєлас нє байхъуыста, коммє нє бакасти, Йе стыр уарзт райхєлд уєддєр. Амонды базыртыл, амонды базыртыл Иунєг бон калдта цєхєр. Иннє бон карз зымєг урс бєхыл хъазгєйє Зєхмє фєзынди єваст. Гъе, мєгуыр дидинєг, гъе, мєгуыр дидинєг, Миты сєр баруад дє уарзт. Хуры иу ракастєй, боны иу бахудтєй Чи фергом афтє єгєр? Оххай, куыд чи уыди, чи хъуамє уыдаид, Хивєнд зєрдєйє єндєр? Цард та цєрынєн у, о мє хур, барвєндєй Ма кєн дє фєндаг фыдвєд. Дидинєг ма ракал, дидинєг ма ракал, Уалдзєг куы не ’рцєуа, уєд... 77
ЄМБАЛЫ ЗЄРДЄ Амондджын уый у, уый хонынц хъал, Царды кємєн ис уарзон ємбал. Ємбалы зєрдє — рухс хурєй конд, Уалдзєгау — райдзаст, арвау бєрзонд. Ємбалы хорзєх у’ алкєй дєр уєд! Хорз ємбал не скєндзєн маст, Нє асайдзєн никуы йє ард. Зєрдєтєм чи хєссы уарзт, Ахємтє рухс кєнынц цард. Ємбалы хорзєх у’ алкєй дєр уєд! Иунєг єлгъыст у, иунєг — мєгуыр, Иунєджы артдзєст — заууат быдыр. Никєй хъєуынц йє цин, йє рис. Ємбалы зєрдє — царды ємбис, Ємбалы хорзєх у’ алкєй дєр уєд! Бєлєстєн хъєды сонт дымгє циу?! Бєлєстє — бирє, дымгє та — иу! Ємбєлтты фарнєй хох дєр нєры, Ємбєлтты фарсмє амонд цєры. Ємбалы хорзєх у’ алкєй дєр уєд! 78
ТЄХЫНЦ СЫЗГЪЄРИН АЗТЄ Мєй сабыр фєтулы єврєгъты хъєбысы Цємєн у, цымє, єнкъард? Кєд уый дєр мє хуызєн йє уарзоны мысы, Фєлє у йє уарзон дард? Тєхынц єнєнцой сызгъєрин азтє. О рухс амонд, кєм дє? Фєзын ємє мын дє уарзтєй райхал Мє зєрдєйы фєндтє. Зєрдє уарзгєйє ’взонг у, Ємє фесєфы зын. Уарзондзинады сєууон хуры бын Єнцондєр у цєрын. О уєлє зєрин мєй, єрхєндєг, цєй, ма кєн Уєртє чызгайєн йє уат. Мє сєууон рухс хурєн йє рудзгуытє бакєн Ємє йын салємттє ратт. Тєхынц єнєнцой сызгъєрин азтє. О рухс амонд, кєм дє? Фєзын ємє мын дє уарзтєй райхал Мє зєрдєйы фєндтє. Зєрдє уарзгєйє ’взонг у, Ємє фесєфы зын. Уарзондзинады сєууон хуры бын Єнцондєр у цєрын. 79
ЦЄМЄН ДЫН КОДТОН ЄРГОМ МЄ ЗЄРДЄ Дєуєй куы загътон мєхицєн уарзон, Мєхицєн уарзон. Бєргє мє фєндыд: дє фєндтє базон, Дє фєндтє базон... Єнкъард фєкєнын мєйрухс изєрты: Тєхуды, базон, цы ис дє зєрды. Дє иу фендєй дєр мє зєрдє тайы, Мє зєрдє тайы. Дє цєстєнгас мє йєхимє сайы, Йєхимє сайы. Ыстъалытыл дє бєргє фєбарын, Фєлє дє уым дєр куынє фєарын. Мє хъустыл уайынц фєндыры зєлтє, Фєндыры зєлтє. Демє фєдзуры єдзух мє зєрдє, Єдзух мє зєрдє. Дє фєндырдзагъд мын дє ном фєдзуры, Мє зєрдєйє мын сагъєс фєсуры. Єз дєу мысгєйє мєймє фєкєсын, Мєймє фєкєсын. Куы аныгуыла, уымєй фєтєрсын, Уымєй фєтєрсын. 80
Уый та фєлгєсы... Сындєггай тулы... Ныккаст ємє мєм йє цєст ныкъулы. Мєн та фєфєнды мєй уатмє ’рхонын, Мєй уатмє ’рхонын. Йє цинтєй цєрын, йє сагъєс зонын, Йє сагъєс зонын. Цємєн дын кодтон єргом мє зєрдє? Мє фын мын байстой хєххон изєртє... 6 3аказ№ 1358
КЄСТЄРЫ ЗАРЄГ Иры бєстєй мєнє буц кєстєр Абон балцы цєуы. Фарн — дє къахдзєфты, фарн — дє фєндєгтыл, Гъей, фєндараст фєуы! Б а з а р д: Уєд дє ємбєлццон зарєг Зєрдєйєн амондхєссєг. Мєй дєм рухс цырагъ дарєд, Хур дєм рєвдаугє кєсєд. Цард цєрынєн у, макєй бахъыгдар, Бамбар искєйы рис. Царды чи фєкалд, зєхмє чи єрхауд, Уый дє хъєбысмє сис. Иры Уастырджи де ’мбал басгуыхєд, Бирє цєр ємє тєх. Ма дє ферох уєнт ацы урс хєхтє, Ацы райгуырєн зєхх. 82
АРВЫ ДИДИНЄГ Мє хорз хъєубєстєм уалдзєг єрцыди, — Цыдєр цин федтон йє хурыскасты. Уалдзєг нє уыди, чызг-уазєг уыди, Фєндырдзєгъдєг чызг ирон чындзхасты. Арвы дидинєг, зєххон ыстъалы, Мидбылты худаг, фєлмєн цєстєнгас, Чындзхєсджыты ’хсєн бєрєг чи дары, Уындєй та цыма рєсугъд бєрз бєлас. Арвы дидинєг, фєсур мє катай, Мє сагъєс бамбар, мє цин мын райхал. Мє зєрдєйєн мын базыртє радтай, Єнєкєрон уарзт мє риуы райхъал. Єрцєгъд-ма уєдє, мє рєсугъд фєндтєн, Ныллєуу цырагъдар, фєндаг цын амон. Дє фєндырдзагъды сызгъєрин зєлтєм Мє уды цинєй дзєбєх фєкафон. Мє фыдыуєзєг, мє хорз хъєубєстє, Єз дзы єнє дєу нє фєцєрдзынєн. Мє хорз ємбєлттє — тєхгє цєргєстє, Тєккє райсом дєм хатєг цєудзынєн. Мє хорз хъєубєстєм уалдзєг єрцыди, Цыдєр цин федтон йє хурыскасты. Уалдзєг нє уыди, чызг-уазєг уыди, Фєндырдзєгъдєг чызг ирон чындзхасты. 83
МЄ АМОНД Уалдзыгон райсом — сызгъєринбазыр Амонды цинєй мє риуы хъазы. Зєрдєйы зарєг фестад уєларвон, Чызджыты хуыздєр — мєнєн мє уарзон. Йє рухс цєсгомєй мєйтє ’мє хуртє Мєнмє фєкєсынц мидбылты худгє. Сєууон дидинєг — йє бакаст, йе ’нгас, Бынтон ємбисонд — йє фєлмєн ныхас. Айнєджы сєрмє — цєргєсты ахстон, Єз ахєм уарзтєй никуыма уарзтон. Уымєн бєлвырд у мє рухс уынаффє, Мєн хурау тавы ємгєртты арфє. Мє зєрдє абон рєсугъд, бєрзонд у, Чызгайы кєртмє мє фєндаг конд у. Гъей, хєдзар, ракєс, бакєн дє дуєрттє, Фервитын абон мє минєвєрттє. Уалдзыгон райсом — сызгъєринбазыр Амонды цинєй мє риуы хъазы. Айнєджы сєрмє цєргєсты ахстон, Єз ахєм уарзтєй никуыма уарзтон. Гъей, хєдзар, ракєс, бакєн дє дуєрттє, Фервитын абон мє минєвєрттє! 84
ЄГОМЫГ БЄЛАС Хєххон уыгєрдєн, бєрзонд сєрвєттє, — Сє астєу зайы єгомыг бєлас. Єрмєст уый зоны нє рєсугъд фєндтє, Уый нын фехъуыста нє сусєг ныхас. Б а з а р д: Єгомыг бєлас нє сыгъдєг уарзтєй Дидинєг калы нє удтау раст. Уєд, диссаг, диссаг, базыртєбастєй Нє рєсугъд бєллиц цємєн у саст? Мє зєрдєлєууєн, мє рухс хурыскаст, Уєдє цы кєнон, куыд дын уон єнцад? Дє мєтєй судзы мє зєрдєйы маст, Єнє дєу уыдзєн єнамонд мє цард. Б а з а р д: Єгомыг бєлас нє сыгъдєг уарзтєй Дидинєг калы нє удтау раст. Уєд, диссаг, диссаг, базыртєбастєй Нє рєсугъд бєллиц цємєн у саст? 85
ЄЗ АХЄМ ЧЫЗДЖЫ АГУЫРДТОН Заманхъулы, дам, хъазты бон Бєласєн йє дыргъ нє тонынц. Єз ахєм чызджы агуырдтон, Рєсугъдєй хорз дєр кєй хонынц. Ох, ох, єз ахєм чызджы не ссардтон, Ох, ох, рєсугъдєй хорз дєр кєй хонынц. Єз ахєм чызджы агуырдтон, Худгє цєстытєй чи кєса. Єз ахєм чызджы агуырдтон, Мє цардмє уалдзєг чи хєсса. Єз ахєм чызджы агуырдтон, Ныййарєджы рис чи ’мбара. Єз ахєм чызджы агуырдтон, Йє цин бинонтыл чи уара. Ох, ох, єз ахєм чызджы не ссардтон, Ох, ох, йє цин бинонтыл чи уара. Бєласы дыргътє згъалгєйє Йє къалиутє ныссастысты. Сыгъдєг фєндтє мє зєрдєйє Сєууон цъиутау фєтахтысты. Ох, ох, сыгъдєг фєндтє мє зєрдєйє, Ох, ох, сєууон цъиутау фєтахтысты. 86
Заманхъулы, дам, хъазты бон Бєласєн йє дыргъ нє тонынц. Єз ахєм чызджы агуырдтон, Рєсугъдєй хорз дєр кєй хонынц. Єз ахєм чызджы агуырдтон, Кєстєры зєрдє чи ’мбара. Єз ахєм чызджы агуырдтон, Йє хистєрты буц чи дара. Ныр ахєм чызг Ирыстоны Ыссардтон єз, ыссардтон!
ЗЄРОНД ФЄНДЫРДЗЄГЪДЄГ Дард фєндєгтє... Нал мє хъєуынц, — Иххост цыл ныддєн. Мин фєндаджы цардмє цєуынц, Иу фєндаг — мєрдтєм. Дун-дунетыл цас фєхаттєн, Мемє уыд фєндыр. Иу бон-иу сєндєтты бадтєн, Иннє бон — мєгуыр. Чызджытєн? Куыннє ма цагътон, Фєлє амонд нєй. — Фембєлєм, — кємєн-иу загътон, Уый мыл худт хъєрєй. Лєппутє та — сау уаритє — Симдтой-иу ємє Хъазгємхасєн сау суаритє Баппєрстой мєнмє. Бауарзтон єхцайы зєлланг Амонды хуызєн. Хъазты-иу мє уєнгты фєллад Давдєй фєци сєн. Дард рєтты, Хуыцауєй разы, Арфєйаг фєдєн. Балцвєндєгтє адєм уарзын Сахуыр кодтой мєн. 88
Хорзєй иртасын євзєры, — Уыйбєрц дєр мє фєрс. Чи цємєй, куыдтєтє цєры, Хорз базыдтон єз. Иутєм нєй єфсєрмы хъєстє, Фєлє ссардтой уарт: Аразгє бєрзонд ныхєстєй Амайынц сє цард. Давынц дыккєгтє єууєнкєй, Се ’цєг ном — ємбєхст. Хурєнгєс чызджыты зєнгтєй Нал фєисынц цєст. Иннєтє сє сєртєг хъєртєй Амайынц єгъдау. Урс бєргє систы сє сєртє, Зєрдєтє та — сау. Цыппєрєм нє лєууы дзыхъхъы, Хахуыртє фыссы. Чи уєлдєр хицауы дзыппы ’Хцайы бардз тъыссы. Фєлє цасфєнды уєнт уыдон, Хорз лєгтє — фылдєр. Растдзинад ємє фыдєбон Равзарынц уєддєр. Зєхх — сє Хуыцау, ємє курынц, Агурынц дзы сой. Хоры зад хуымтє цєм худынц, Хоры хуым — фєллой. «Чи цас федта, уыйбєрц зоны», — Загъта-иу фыдєл. Нал уыд Ир йє дард бєлццонєн Сємбєлын єнхъєл. 89
Ракєсут-ма, урссєр хєхтє, Нал мє зонут, ау?! О мє фєндыр, цины зєлтє Иры зєххыл тау! Дард фєндєгтє... Нал мє хъєуынц, — Иххост цыл ныддєн. Мин фєндаджы цардмє цєуынц, Иу фєндаг — мєрдтєм.
О, КУЫД ХОРЗ У ЦАРД! Зєрдєйы фєндтє — рєсугъддєр уалдзыгон, У мє фєндаг рухс мєнєн та ацы бон. Иры зєххыл, Иры зєххыл ды ме стыр цин разындтє, Ратт мын, ратт мын хорз амонд ємє базыртє. Иры зєххыл, Иры зєххыл ды ме стыр цин разындтє, Ратт мын, ратт мын дє базыртє. Б а з а р д: Боны рухс фарн, гъей, Хур єрхєссы. Єз дєу федтон,гъей, Хуры ’нгєсы. О, куыд хорз у цард! Єртєхджын хуссєрттыл Єз тєхын дєумє фєндыры рухс зєлтыл. Иры зєххыл, Иры зєххыл ды ме стыр цин разындтє, Ратт мын, ратт мын хорз амонд ємє базыртє. Иры зєххыл, Иры зєххыл ды ме стыр цин разындтє, Ратт мын, ратт мын дє базыртє. Б а з а р д: Боны рухс фарн, гъей, Хур єрхєссы. Єз дєу федтон,гъей, Хуры ’нгєсы. 91
АГУРЫН ДЄУ Уарзынєй рєсугъддєр а зєххыл нєй. Касти нєм знон дєр ма дзагцєстєй мєй, Ємє йє тынтє дє саухил дзыккутєм Хастой єрвон тємєн. Хъуыстон дє бахудты: «Уарзын дє», Терк та нын кодта йє зарджытє. Адєм цы рухс амонд курынц цєрєнбонты, Уымєй рєвдыд уыдтєн. Уарзынєй рєсугъддєр а зєххыл нєй. Фєлє нє сєрмє ныр аныгуылд мєй. Фесєфт мє циндзинад, адих мє зєрдє, Цы ма кєнон, куыд уон? Бєлєстє нал ысты худєнбыл, Ласы Терк хус сыфтєр уылєнтыл... Гъе ’рмєст мє сагъєс, мє судзгє рис аласын Нє бауыдзєн йє бон. Уарзынєй рєсугъддєр а зєххыл нєй. Мысын єз рухс уалдзєг, агурын мєй. Агурын дєу, мє хур, де ’нкъард цєстыты Баззади ме ’взонг уд. Цєй-ма, сымах фєрсын, фєндєгтє, Цєй-ма, цы кєнон — ує фєндєттє, Хатын дєм, Терчы дон, хатын уєм, бєлєстє, О, исты-ма зєгъут! 92
ДЄ УАТЫ РУДЗЫНГ Хєдзєртты цєстытє судзынц, Калынц ирд тємєн. Ам єрмєстдєр иунєг рудзынг Рухс кєны мєнєн. Б а з а р д: Зєрдє ахсєв дєр дард фєндтыл дзуры, Фєлє чи зєгъдзєн раст, Рудзынгєй мєм амонд худы Єви судзаггаг маст. У мєнєн дє уаты рудзынг Рухс райсомты хъарм. У мєнєн дє уаты рудзынг Ме ’нусон єфсарм. Зєрдє уарзтєй судзы, судзы, Ємє мысын дєу. Єнє уалє уыцы рудзынг Цард мын цардау нєу. 93
НИКЄМЄН РАТДЗЫНЄН ДЄУ Фєззєг, мє цин дє, мє ныфс, Быдыр та скалдта йє хуыз. Зад хуымты єхсєнты Арвєрдын фєндагыл Уайын мє дугъоныл єз. Хурмє тємєнкалгє ’ртєх Ивылы фурдау уєрєх. Хуымгєрон чызджыты Хъєлдзєг цєстєнгасмє Урс уари фестад мє бєх. Арвыл стъалыты ’хсєн Рухс мєй куыд худа фєлмєн, Афтє мєм зад хуымты Чызджыты астєуєй Калыс єдзухдєр тємєн. Ме стыр уарзт сусєггаг нєу, Ме стыр уарзт зоны нє хъєу, Ємє дє бауырнєд, Ацы зєххардыстєн, Никємєн ратдзынєн дєу! 94
НЄРТОН СИМД Єрсимут-ма нєртон симдєй, — Нєртон гуырдтє, дам, саг марынц. Єрсимут-ма єнгом симдєй, — Єнгом адєм та цард арынц. Тєхуды ’мє йє цєргєйє Зєххыл рєсугъд фєд чи уадзы, Йє хорз фыдєлты зєрдєйє Йє ирон бєстє чи уарзы. Єрцєгъд-ма, чызг, дє фєндырєй, — Дєрдты хєссон мє къабєзтє. Мє зарєджы зєлгє мыртєй Мє цин зєгъон, мє сагъєстє. Мє худгє хур фєскоймаг у, Єз єм цєудзынєн а фєззєг. Бєсты фидауц сылгоймаг у, Хєрзуд сылгоймаг — фарнхєссєг. Уєд ахєм амонд кєстєрты, Буц нын куыд дарой хистєры. Фєхизєд фарн ує къєсєртыл, Зєххыл рєстудєй чи цєры. Ирон зарєг — нє Бонвєрнон, Тємєнтє кал дє рухс зєлтєй. Фыдєлты кад, фыдєлты ном Бєрзонддєр сис нє урс хєхтєй! 95
СИДЗЄР Сидзєр фєлладхуыз у, Сидзєр мєгуыр у, Карст хуымау — джихдзєст, єнкъард. Маст ємє сагъєстє Зилынц йє алыварс, Цин ємє амонд та — дард. Сидзєр єнцондард у: Ницы дє бадомдзєн, Никємєй ракєндзєн хъаст. Хур боны — хуртуангєс, Дондзау — къєвдабоны, Сидзєр — ысхуыст дзырдєй хаст. Хорз ын цы уыдзєни, Маст єм цы фєкєсдзєн, — Чи кєны ууыл ныхас!.. Цъєх арв — йє урс хъєццул, Зєхх та — йє сау гобан, Айнєг дур — сидзєры баз. Мардзє, уєддєр-ма йє Кафынєй бафєлвар, Хъазты йє фезмєлдмє кєс. Фєндыры рог цагъдмє Раст цыма раскъєры Къєдзєхы рындзєй цєргєс. 96
Зиуы йє чи федта, Скєс-ма йєм хосгєрстмє, Уымєй хуыздєрконд дзы нєй. Сагтє ’мє сєгуыттє Фезмєлынц хуссєрттыл, — Сидзєр куы зары хъєрєй. Сидзєр йє фыдбонты Афтє тынг бахсысти, Разынди ахєм ємгар. Цард ын фєлєвєрдта Карзєй йє сау зынтє, — Уый та дзы райста єхсар.
*йу& ТЕРЧЫ БЄЛЄСТЄ Нє зєрдєты арвыл цы стъалы ыссыгъди, О, уыцы хєрзамонд ныры онг кєм уыди? Нє Терчы былгєрон фєтєнсыф бєлєстє Мєнєн-иу куы дзырдтой дє сусєг ныхєстє. Фєйлаугє сырх мєнєу къулсєрєй куы лєууы, Уєд, дам, єй, фєзєгъынц, єркєрдын фєхъєуы. Уый диссаг у, диссаг, єнувыд зєрдєйы Єцєг уарзт єцєгєй єнусон куы вєййы. Чындздзон чызг йє царды хєрзамонд уєд ары, Йє сусєг бєллицтє йын усгур куы ’мбары. Дєу Терчы бєлєстє ємбєрстой ныхасєй, Єз та дє ємбарын дє рухс цєстєнгасєй. Єхсєвы урс паддзах — мєй — арвы бєрзондыл Дис кодта мєнимє дє бакаст, дє кондыл. Дєу бирє чи уарзта, уый та уєд єз уыдтєн, Нєзыйы цырагъау дє разы лєууыдтєн. Нє зєрдєты арвыл цы стъалы ыссыгъди, О, уыцы хєрзамонд ныры онг кєм уыди? Дєу Терчы бєлєстє ємбєрстой ныхасєй, Єз та дє ємбарын дє рухс цєстєнгасєй. 98
ЗОН ЄЙ, МЄ ИРЫСТОН Зон єй, мє Ирыстон, Єнє дєу сидзєр дєн. Хур мє тавы дзєбєх, Цинимє зєрдєйы Урс цєссыг фезмєлы, Афтє зынаргъ у дє зєхх. О, фєлє иу сагъєс Зилы мє хъуыдыты, Хорз амонд кургєйє нєу: Мах фєстє а зєххыл Чи цєудзєн, чи цєрдзєн Уый та куыд уарздзєни дєу? Ма дын уа фесєфєн Царды, уєздан кєстєр, Гъей, мардзє, фезмєл лєгау! Ацы рєсугъд зєххыл Уарзты ’взар чи суадза, Ахєм хор тау ємє тау! 99
НОГБОНЫ ЗАРЄГ Ды — афєдзы сєр, урсдзыкку бєрєгбон, Дє сєууон хур ныл рухсцєстєй єркаст. Ємє дє курєм хистєртєн цєрєнбон, Нє кєстєртєн — цєрєнбон ємє уарзт. Б а з а р д: О Ног аз, Ног аз, фарны къах єрбавєр Ємє фєсур нє зєрдєты фєллад. Тєхынмє нын дє урс базыртє авєр, Цєрынмє нын дє хорз амєндтє ратт! Нє сыгъдєг арв нын сау фєздєгєй бахиз, Дє фарн ємє дє хъарммє бєллы Ир. Нє дзыллєйєн ратт цинимє уєлахиз, Ирон зєххєн та — зад хоры єфсир. Мє зарєг дєр фєуєд, Ног аз, дє уазєг Ємє нє Ирыл ахєссут ує фарн. Кєм лєууат, уым куыд-иу райгуыра уалдзєг, Кєм цєуат, уым куыд никуы сєфа хъарм. Б а з а р д: О Ног аз, Ног аз, фарны къах єрбавєр Ємє фєсур нє зєрдєты фєллад. Тєхынмє нын дє урс базыртє авєр, Цєрынмє нын ды хорз амєндтє ратт! 100
МЄН ФЄНДЫ Зонын єз, йєхи єгъдау ис цардєн, — Уалдзыгон фєлмєндєр вєййы зєхх. Уарзгєйє ємхуызон ысты адєм Уды рухс, зєрдєйы кондєй зєгъ. Мєн фєнды дє цєстытыл єууєндын, Мєн фєнды дє цєрайє цєрын. Хур цыма цы рєсугъд тын нывєнды, Райхєлд уый мє зєрдєйы рєбын. Ємє ныр кєцырдєм фєнды акєс, Бєстє цыма райдзастдєр фєци. Ехх, кєм уыди ацы боны сагъєс, Ехх, кєм уыди ацы боны цин! Арвы кєрон февзєрди ыстъалы, Ферттывта, стєй атахти єваст. Єз мє цин ыстъалыйыл нє барын, Стъалыйє рєсугъддєр у мє уарзт. Мєн фєнды дє цєстытыл єууєндын, Мєн фєнды дє цєрайє цєрын. Хур йє тын мє фєндагыл нывєнды, — Єз дє размє цингєнгє тырнын. Ємє ныр кєцырдєм фєнды акєс, Бєстє цыма райдзастдєр фєци. Ехх, кєм уыди ацы боны сагъєс, Ехх, кєм уыди ацы боны цин! 101
ХЄХХОН ДИДИНЄГ Хєххон дидинєг — єхсызгон уазєг, Дєуєй райдыдта мє царды уалдзєг. Амонды нысан — зєрдєйє уарзын, Зєххон дидинєг, мє амонд разын. Кєм дыл фембєлдтєн, кєм дє базыдтон, — Уалє Мызуры фєскъєвда хурбон! Арвы єрдыны авд алы хуызєй, — Цєй диссаг уыдтє рєсугъд фєлыстєй. Єз кєй агуырдтон єдзух мє фынты, Єз кєй агуырдтон арвы бєрзєндты, Дунейы фарнєй цы амонд куырдтон, Мєнє ємбисонд, уый зєххы ссардтон. Дє уарзондзинад єппын нє сысы, Мєнмє єртахти зарєджы хуызы. Зарєгимє та — фєндыры зєлтє, Ирон уєздан кафт, мєйрухс изєртє. Хєххон дидинєг — єхсызгон уазєг, Дєуєй райдыдта мє царды уалдзєг. Амонды нысан — зєрдєйє уарзын, Зєххон дидинєг, мє амонд разын. 102
МЄ ЦАРДЫ УАЛДЗЄГ Колхозы хуымты уєд чи уыд раззаг, Кєй зєрдє ради мєйрухс изєртєй, Дє фєндыры цагъд мє риуы баззад, Мє риуы баззад сызгъєрин зєлтєй. Мє царды уалдзєг мє цєстыл уайы: Фєззыгон хорєй уыд дзаг нє хордон. Єз-иу, мє буц мад, дє хуыд къабайы Нє хъєууон уынгты дє размє згъордтон. Кєрон нє уыди мє цин, мє уарзтєн, Уыд хуры тынау мє рєсугъд хъуыды. Куыд атахтысты сызгъєрин азтє! Фєзєронд мын дє, — мєн та нє уырны. Єнкъардєй, мє мад, дє фєдыл кєсын, Дє уєззау къахдзєф дє кар євдисы. Мє сусєг сагъєс, бєргє, ємбєхсын, Зєрдє та риссы, зєрдє та риссы. Дєу аккаг дзырдтє, дєу аккаг зєлтє Мє риуы арфы, бєргє, куы ссарин... О, чи срухс кєнид дє фєллад зєрдє, Єз уыцы зарєг єнусмє зарин. 103
ЄГАС ЦУ, МЄ БЄЛЦЦОН Къуыллыты Муриккєп Кувєджы куывд фехъуысти уєларвмє: Цин єрцыди мє фєрныг хєдзармє. Хорз кєстєртєй мє цард у євєсмон, Цин єрцыди, єгас цу, мє бєлццон! Дурджын Бєрзонд цєй дардыл фєлгєсы, Єргом дзуар, дам, єнгом цард єрхєссы. Хорз кєстєртєй мє цард у євєсмон. Цин єрцыди, єгас цу, мє бєлццон! Чи-иу кодта дє уындмє тєхуды, Буц ныййарєг мидбылты куы худы. Фарны хєдзар у хистєрєй кадджын. Хистєры цард та — кєстєрєй адджын. Ацы зєххыл хъазуатєй фєкуыстон, Зєххы улєфт хуым кєнгєйє хъуыстон. Хур мє тавта йє сызгъєрин цалхєй, Хур мєм касти мє ауєдзы хаххєй. Зєхкусєгєн — йе ’фсєн бєх йє дарєг, Рухс уалдзєгау — мє зєрдєйы зарєг. Хорз кєстєртєй мє цард у євєсмон, Цин єрцыди, єгас цу, мє бєлццон! Акєсут-ма Дзиккауы обауєй, Фєндырдзагъд куы хъуысы мє фєрныг хєдзарєй. Хорз кєстєртєй мє цард у євєсмон. Байрай, уєдє, єгас цу, мє бєлццон! 104
БЄРЄГБОНЫ ЗАРЄГ Абон цины хур нє сєрмє Тавы, худгє кєсы. Фестад рухс зарєг мє зєрдє, Ирєн амонд хєссы. Фарн нын басгуыхти нє фєллой, Фарнєй хєдзєрттє — дзаг. Цардєн мах лєууєм йе ’нцой, Цардмє — махєн фєндаг. Уєдє расидєм цєрєнбон, Тынгдєр сисєм нє зард. Ахєм диссаджы бєрєгбон Ноджы рухсдєр у нє цард. Фестад рухс зарєг мє зєрдє, Ирєн амонд хєссы. Абон цины хур нє сєрмє Тавы, худгє кєсы.
ИРОН СИМД Кад ємє радєй нє хъєубєсты Хистєртє бадынц чызгєрвысты. Ацы бон чындз ныфсджын уыдзєн, Хєдзармє фарны къах бавєрдзєн. Хистєртєн сє куывд, сє расидтєй Фєсивєд бахъєлдзєг, расимдтой. Фєндырєй тєхынц зєрин зєлтє, Буц ємє райдзаст — нє хистєртє. Сфидыдтой чындзыл йє разгємттє, Мыды къус барєвдз и, бацєттє. Ныккєнынц чындзхєссєг уазджытє Фєндараст, хєрзбоны зарджытє. Чындзы мад циндзаст, зєрдєрыстєй Хъєбулыл узєлы йє хъєбыстєй. Куыд раарфє кєна, уый нал зоны, Ємє йын фєдзєхсы, амоны: «Ма-иу ферох кєн нє царды ’гъдау, Фыццаг-иу хистєрты барєвдау Мидбылты бахудт, цєстєнгасєй, Дє уєздандзинад, дє ныхасєй. Уый фєстє — кєстєртє, сабитє... Куыд зоныс, афтє цыл бацин кє. Єгад цард дє сєрмє макуы ’рхєсс, Бинонтыл дє рухс уд бафєдзєхс». 106
Дурджын Бєрзондєй Гєналдонмє Цєргєстє здєхынц сє ахстонмє. Цєргєсты єхсєн та — урс бєлон, Сызгъєрин базыртыл — рухс фєндон. Хъєубєсты хурбєрєг чи дардта, Ацы бон хорз амонд чи ссардта, Уыцы чындз цєрєд кадджынєй, Адємєн уарзонєй, адджынєй.
- & 13»-**’ да^я?* -^&»К^л-й1?л-’ %"-^ Л ХУРЫ ЦОТ Нє фыдєлтє махєн єрцыдысты Нартєй, Євдыстой лєгдзинад сє цирыхъ, сє уарзтєй. Фыдєлты нєртон зєхх ныр дєр у нє дарєг, Сослан нын тых радта, Ацємєз та — зарєг. Б а з а р д. Ирыстон — нарты фыдыбєстє. Хуры цот — хурмє тырнєг. Ацы гыццыл зєххыл цєргєстє Никуы фєтєхынц ныллєг. Йє дзыллєйы астєу хъєбатыр нє мєлы, Мєсыг та єрмєстдєр йєхи дурєй хєлы. Нє фыдєлты фарнєй нєхицєн цы райсєм, Кєндзєни нын уый рухсдєр нє абон, нє райсом. Б а з а р д: Фєрнджын у, Ирыстон, нєргє уалдзєг разын, — Ам баззад фыдєлтєй єууєнк ємє уарзын. Ам кады бєрзондыл ирон зєрдє цардис, Гъе мардзє, сєрєнгуырд, дє лєгдзинад равдис. Б а з а р д. Ирыстон — нарты фыдыбєстє, Хуры цот — хурмє тырнєг. Ацы гыццыл зєххыл цєргєстє Никуы фєтєхынц ныллєг! 108
МАМАСЫ ЗАРЄГ Нанайы буц чызг — хъєуы рєсугъддєр, Афтє куы дзуры, афтє куы зєгъы: «Фыдбоны Мамас, куыд мє фєсайдтай? Афтє куы дзырдтай, афтє куы загътай: «Нє хъєуы куы нєй мєнєй цєрєгдєр, Мє фєрныг хєдзар — арвєй бєрєгдєр. Мє уєладзгуытєн — хурмє сє балкъон, Мє уайаг бєхтєн — рєсугъд сє файтон». Кєм ысты, Мамас, дє уєладзгуытє, Се ’рвхуыз рудзгуытє єд хурмє балкъон? Кєм ысты, Мамас, дє хоры хуымтє, Дє уайаг бєхтє, дє рєсугъд файтон? Афтє куы загътай, мє хъєздыгдзинад, Мє ис, мє бон — мєхи лєгдзинад. Цємєй єппєлыс дє лєгдзинадєй? Ницы дєм федтон хъєздыгдзинадєй. Дє цєрєн хєдзар — зылын кау єнгєс, Єркєлынєввонг — хъємпынсєр мусонг. Дє кусєн дзаума — цєвєджы зєронд, Дє иунєг исбон — хєрєджы зєронд. Фєсмонгонд фєуай, фыдбоны усгур, Амондєнхъєлєй, мєн чи фєсайдта. Ныр мє фєстємє, фєлитой Мамас, Єнє бєллєхтєй нєхимє алас». 109
ИРОНЫ ЗАРЄГ Цард йє бындурєй єнкъуысы, Хорз хабар лєгмє нє хъуысы, Иу бонєй у иннє бон фыддєр. Ам, нє зєхх кєм и, нє уидаг, Уым фыдгул кєны рєбинаг, Не ’мбарєм кєрєдзийы уєддєр. «Ды мєнєй цємєй лєгдєр дє? Ды мєнєй цємєй уєлдєр дє?» — Афтє у єдзухєй дєр нє фарст. Зєрдє нал агуры худын, Райдыдта нє мєсыг цудын, Не уєнджы ысмєгуыр и нє уарзт. Кєд ємє нєхи нє зонєм, Кєд нє хєрзты хорз нє хонєм, У нє намыс, не ’хсар дєр фынєй, Уєд цы кєнай ды, Ирыстон, Уєд цы кєнай, ды, Ирыстон? Иумє нє єрбамбырдгєнєг нєй... Исчи нє йє сєр ысдарєд, Исчи нє хуыздєр ныззарєд, Ферттивєд йє лєджыхъєд єрмєст, Уыййеддємє й ’алывєрстєй Гєпп кєндзыстєм сагєлвєстєй, Кардєлвєстєй самайдзыстєм хєст. 110
Иутє нє — фыдбоны хъалтє, Иннєтє — Тырмоны галтє, Алчидєр нє алырдєм хєцы. Уєд цы кєнай ды, Ирыстон, Уєд цы кєнай ды, Ирыстон, Уєд цы кєнай, о Ирыстон, цы? Знаг нєм сау хъамайє ’взиды, Ирон дзаг сыкъайє сиды: «Ма нє фєкєн, о Хуыцау, фыдвєд!» Хъахъхъєн уый бєсты сєрибар, Лєуу фыдєлты зєххыл фидар, Стєй Хуыцау дєр не ’мварс уыдзєн уєд!
НЫФСЫ НЫХАС Мє базырджын азтє, Мє зарєг, мє кой Нє дзыллєйы астєу — Мє фидар єнцой. Нєу цардєн йє сагъєс Зєрдєйы фєндон. Єрмєст мын зєгъ: «Ма тєрс», Єндєр циу дє бон! Дє зєрдємє ма хєс Мє цин дєр, мє хъыг. Ныфсы ныхас «Ма тєрс» Мєгуырєн — мєсыг. Мє базырджын азтє, Мє зарєг, мє кой Нє дзыллєйы астєу — Мє фидар єнцой.
ЄЦЄГЄЛОН БЄСТЄ Райгуырєн бєстє мады зєрдє у, Цотыл цингєнаг. Охх, мєныл та искєй бєстєйы Цинтє чи кєна? Б а з а р д: Амонд, цы ран дє, кєм дє, Курын, сабырдзинад ратт. Дард Ирыстоны, дард Ирыстоны Кєсы єнхъєлмє мє мад. Зєхх — єцєгєлон, марадз равзар єй, Цард цы тын уафы. Охх, мєгуыр лєджы искєй бєстєйы Хур куынє тавы. Зєрдє иунєг у, зєрдє сидзєр у Искєй бєстєйы. Зєхх — мє сау гобан, арв — мє урс хъєццул Иры мысгєйє. Цєргєс, о цєргєс, цардєй бафсєдай, Акєс, афєлгєс. Иры дзыллєйы арвы бєрзондєй Зєдтыл бафєдзєхс. 8 3аказ№ 1358 113
ХЄЛЄГ Ис царды уєззау низ, Уый хонынц хєлєг. Хєлєгнизєй садис Єнамонд хєрєг. Йєхицєй хуыздєрмє Фырмєстєй тыдта, Бєхы къєхты хъєрмє Уый кодта єрра. Гъе, мєгуыр йє бон. Хылмондаг, тєлтєгєй Йє комы фынк калд. Йє гыццыл сєфтєгєй Уыд алчи хъыгдард. Уєд федта, фырхъалєй Бєх кафгє куыд цыд, — Зєххы цъар дєндагєй Хєрынмє єрцыд. Гъе, мєгуыр йє бон. Ныууасыд, ныззылд, Стєй райхъуыст хъєрзын: «Ох, мєнє цы зын у Єфсургъмє кєсын». Єрлємєгъ, єрхаудта, Єруагъта йє сєр. Йє хъустыл ма уади Бєхы къєхты хъєр. Гъе, мєгуыр йє бон. 114
Уєззау низ єнахуыр Йє хурхыл хєцыд, Йє иу цєст ныдздзагъыр, Йє иннє єрцъынд. Гъе уый дын йє хъуыддаг, Гъе уый дын йє цард. Євзєр фосы мыггаг Євзєрєй ныммард. Гъе, мєгуыр йє бон. %$$!Ш& <*
ИРОН ФЄНДЫР Ирон фєндыр, цєй кадджын дє, Цы фарн цєуы дєуєй! Ды мын зынаргъ дє, адджын дє Дє сызгъєрин зєлтєй. Ирон фєндыр — нє цардвєндаг, Дє зєлты ахсын єз Нє фыдєлты зєрдєйы уаг, Нє фыдєлты хъєлєс. Чындзєхсєвєй куы фєхъуысы Ирон фєндыры цагъд. Мє зєрдє уєд дєу фємысы, Мє ивгъуыд бонты цард. Ирон фєндыр, дє хъєлєстє, Дє зєлтимє єргом Дидинєг калдтой бєлєстє, Мидбылты худти бон. Куыд гыццыл хъєуы амондєн! Ирон фєндыры цагъд, — Нє мє рох кєны абон дєр, — Мє бєллицтимє тахт. Ирон фєндыр — мє рагуалдзєг, Єз агурдзынєн дєу. Єнє дє цин мє зарєгєн Йє бон фєцєрын нєу. 116 /
Ирон фєндыр, цєй кадджын дє, Цы фарн цєуы дєуєй! Ды мын зынаргъ дє, адджын дє Дє сызгъєрин зєлтєй.
ХУРЫ ЗАРЄГ Мє райгуырєн хъєубєстє, Цы диссаг дє, цы зєхх дє! Дє уарзтєй мын ды ссыгътай Мє зєрдєйы цырєгътє. Хуры зарєг мє риуы Сыгъдєгзєлдаг нывєзтєй Рєсугъд ахстон ыскодта Ирон фєлмєн ныхєстєй. Мє зєрдєйы рєбынєй Зарєг хурау куы ссєуы, Уєд царды мєн єндєр хорз, Єндєр амонд нє хъєуы. Зєрдєйє ис зєрдємє Рєсугъд фєндаг ыссарєн. Хуры зарєг мє царды Єз равзєрстон ємбалєн. Мє цин ємє мє хъыг дєр Хуры зарєг зєгъдзєни. Хуры зарєг куы цєра, — Ирыстон дєр цєрдзєни. Арвы паддзах — зєрин хур, Дє зарєг нє рєвдауы. Дє зарєгмє зєхкусєг Євзаргє хор куы тауы. 118
Фєззєджы та нє хортє Дє рухс тынтєй бєддзыстєм. Нє зад хуымты бєркєдтєй Чындзєхсєвтє кєндзыстєм. Мє райгуырєн хъєубєстє, Цы диссаг дє, цы зєхх дє! Дє уарзтєй мын ды ссыгътай Мє зєрдєйы цырєгътє.
®Ш*а* ИРОН ДЗЫРД Дє зєрдєйы бынєй цы бєстєйы уарзыс, Гъе уый у дє хъысмєт, дє ном. Ирон дзырд у махєн нє фыдєлты намыс, Ирон дзырд — нє Иры цєсгом. Єз балбєлас федтон єрвдидинєг калгє, Уый ног чындзау дардмє зындис. Єхсызгон рухс уагъта сызгъєринау арвмє, — Гъе уый кєд ирон дзырд уыдис. Ирон дзырд, мє хуртє, — єнусты цєргєс, Цєй рагєй йє агуырдтон єз! Ирон дзырд, ирон дзырд... уый мады єнгєс у. Ирон дзырд — Хуыцауы хъєлєс. Ирон дзырд у хурдзєсгом, зєххыл нє цуды, У арв та йє базырты бар. Уый уалдзыгон бонау йє мидбылты худы, Уый гом кєны зєрдєйы дуар. Дє зєрдєйы бынєй цы бєстєйы уарзыс, Гъе уый у дє хъысмєт, дє ном. Ирон дзырд у махєн нє фыдєлты намыс, Ирон дзырд — нє Иры цєсгом. 120
ЗИЛАХАР Нарты бєстєй ныл Зилахар бафтыд, — Не стыр фыдєлты лєгєвзарєн фєз. Хурмє-иу чи худти, мєймє чи кафыд, Уыцы нєртон гуырдтєн се ’фсымєр — єз! Б а з а р д : Зилахар! Зилахар! Нарты бєстє, гъей, А зєххыл бафтауєм царды хєрзтє, гъей! Нарты Уырызмєджы зондджын уынаффє Ацы нєртон зєххыл амадта кад. Диссаг уыд, диссаг Сатанайы арфє, Уый къухтєй дзыллєтєм ивылд бєркад. Къостайы фарны дзырд кєстєрєнгомєй Царды бєрзонд рындзтєм ахєссєм мах. «Скєнєм нє тырыса дзыллєйы номєй», Афтємєй амайєм Иры гєнах! Б а з а р д : Зилахар! Зилахар! Нарты бєстє, гъей, А зєххыл бафтауєм царды хєрзтє, гъей! 121
ХЪЄЛДЗЄГ КУПЛЕТТЄ Цъитийыл саг уєнгрог кєны, Нє йыл єфсєды хъазынєй. Уарзгєйє зєрдє ног кєны, Зєрдє рєсугъд у уарзынєй. Єрєгвєззєджы зиууонєн Цы ус єрхаста Фидиуєг. Уарзондзинад нєу иу бонєн, Уый у єнусон дидинєг. Урс бєхы дардмє ауыдтон, Сау бєх йє цуры хъазыди. Чызгайы иу бон базыдтон, Цєрєнбонты мєн разынди. Цуаноныл, сєгуыт, ма сємбєл,— Сау хъыримаг дєм сисдзєни. Рєсугъд дє, чызгай, ма фєкєл, Кєннод мє зєрдє рисдзєни. Садоны къєвда уарыди, Мызуры мє бон арвыстон. Чызгай мын «Урсдон» зарыди, Єз та Цъєйдонєй банызтон. Абийы-фырт, Уєллагкомы Мєсыг самадтай урс дурєй. Чызгай дын уєддєр нал комы,— Зєронд кєндзынє усгурєй. 122
Нанайы чызг нє фєллайы Цъєх цухъхъайєн тын уафынєй. Тєхуды, демє чи бафсєст Нє ирон хъазты кафынєй. Сєгуытты хохыл — Хуссаргом, Сєрдыгон дєр дзы мит уары. Тєхуды ємє хорз амонд Йєхи хъєубєсты чи ссары. Ногбон єхсєвы конд артыл Мєй дєр йє фынтє фезгъалы. Мє зєрдєйы бєрзонд арвыл Тємєнтє калдзєн де стъалы.
МЫЗУР Фыдєлтєй ардєм нє Ирыстоны Ныхасєн баззад: Уєлладжыры ком євзаргє лєгтєй — Нє кємтты раззаг. Мызурєн та, дам, йє цєрєн бынат — Дзєнєты бєстє. Нє царды арвыл йє хорз фєсивєд — Тєхгє цєргєстє. Фыдбоны фєдис кєддєр куы схєццє Хєхты къєсєрмє, Ирон фєсивєд кафгє цыдысты Хєсты цєхєрмє. Адємы фарнєй, Къостайы загъдау, Къєдзєх ныннєры. Мызуры та нын хъабатырты ном Єнусмє цєры. Ирон лєппутєн Урс рагъы дзуарєй Сє зарын хъуысы. Сызгъєрин фестой, Иры хєстонтєн Сє ном чи мысы. Дє хорз кой, Мызур, нє Ирыл айхъуыст, Нє Ирыл ахатт. Ды суазєг кодтай Бєтєйы фыртты Сє зыны сахат. 124
Мызуры бєстє єд Зилдухы фєз, Єд Къул уыгєрдєн — Хєрзамондимє фєрныг цард хєссєг Рєсугъд ємгєрттєн. Цєргєсты ахстон куыд дзєбєх зыны Урс дуры комєй. Нє уарзон Мызур, бирє фєцєрай Хъєубєстєнгомєй.
БЄТЄХЪОЙЫХЪЄУЫ ЗАРЄГ Бєтєхъойыхъєу — бєрзонд фєлгєсєн, Цєргєсты ахстон, фыдєлты бєстє. Фєрнєй фєцєрай, фєрнєй фєцєрай, Єгъдауєй рєсугъд нєртон хъєубєстє! Нє хорз хъєубєстє, сєрыстыр куы стєм Дє фарны лєгтєй, фєрнєй цє зонат: Нєртон Сослємбег, хъєбатыр Иссє, Зауырбеджы фырт уєздан Бимболат. Мє райгуырєн хъєу, дєумє кєсгєйє Бєрзонд цъєх арвмє мє цин єххєссы. Цєй тынг зынаргъ дє, — мєнмє дє зєххыл Дє хуымы дур дєр сызгъєрин кєсы. Куывддоны рындзєй цы цєргєс ратахт, Цы цєргєс уыди фєдисы раззаг. Ацы хъєубєстєн хєрзєгъдауимє Ирон лєгдзинад фыдєлтєй баззад. Нє ирон намыс, нє фарны лєгтєй Сєрыстыр куы стєм, фєрнєй цє зонат: Нєртон Сослєнбег, хъєбатыр Иссє, Зауырбеджы фырт уєздан Бимболат. Бидайы комы — єрттивгє суадон, Йє сатєг дон мє йєхимє сайы. Нє Ирыстоны, мє хорз хъєубєстє, Дє рєсугъд фидєн мє цєстыл уайы. 126
Бєтєхъойыхъєу — бєрзонд фєлгєсєн, Цєргєсты ахстон, фыдєлты бєстє. Фєрнєй фєцєрай, фєрнєй фєцєрай, Єгъдауєй рєсугъд нєртон хъєубєстє!
НОГИРЫ ЗАРЄГ Терчы былгєрон — євзаргє бєстє, Нє уарзон Ногир — фєрныг хъєубєстє. Фєрныг хъєубєстє — ног дуджы фаззон, Зєрдєйєн — адджын, зєрдєйєн — уарзон. Ам хистєр буц у кєстєры фарнєй, Фєлмєн цєстєнгас, ирон єфсармєй. Ам царды уалдзєг єфсир єфтауы, Ам царды уалдзєг амєндтє тауы. Хуссары бяелас — хуссарбєрзєндтєй, Ногиры намыс — йє номдзыд лєгтєй. Цєргєсты сєрмє цєргєс куыд зила, — Уыди Гєджиты хъайтар Бадила. Адєм тырныдтой уєд царды размє, Цард та єдзухдєр — лєгєй аразгє. Нє хорз фыдєлты фєндаг кєм хъуыди, Хуыгаты Дими сє разєй цыди. Цы кад нын баззад нє хорз фыдєлтєй, Уый арвмє хъуысы фєндыры зєлтєй. Нє уарзон Ногир — фєрныг хъєубєстє, Йє хорз фєсивєд — нєртонєнгєстє. Таймазты Тимур, Артур Таймазты... Сє ном нєрыди Олимпаг хъазты. Тедеты Эльбрус нєртон хъуыддаджы Уыд се ’мцєдисон йє тыхы руаджы. 128
Ирон лєппутє Олимпы бєсты Ирон лєгдзинад хъаруйє барстой. Єнусон намыс зынгєрхєссєгау Сє райгуырєн хъєу Ногирмє ’рхастой. Терчы былгєрон — євзаргє бєстє, Нє уарзон Ногир — фєрныг хъєубєстє. Фєрныг хъєубєстє — ног дуджы фаззон, Зєрдєйєн — адджын, зєрдєйєн — уарзон. 9 3аказ№ 1358
БЕСЛЄНЫХЪЄУЫ ЗАРЄГ О ацы зєхх, фыдєлтє дє Хуыдтой фырбуцєй мад. Зєрдєйы рухс у махєн дєр Дє диссаджы бєркад. Арфєйаг у, нє хъєубєстє, Фєрнєй нын цєр, Беслєн! Дє цинєй рог — мє къабєзтє, Мє базыртє мєнєн. Дє донбылты кєм хъазыдтєн, Сєууон хур мыл кєм каст. Єз уым фыццаг хатт базыдтон, Циу ацы зєххыл уарзт. Дє амондджын фєлтєртимє Сызгъєрин фестай ды. Дє чызджыты хуыздєртимє Мєн ракафын фєнды. Тєхуды, бонгай, афєдзгай Дє ирон фарнєн кус! Уырдыг лєууынєй бафєллай Дє хистєрты уєлхъус. Кємфєнды ма уон, дардмє дєр Цємє фєбєллын єз? — Ує алкєйы хєдзармє дєр Хєрзамєндтє єрхєсс! 130
ЄНЄНОМ ЗАРЄГ Дє ныфсєй єз уалдзєгмє тахтєн, Мє фєззєг фєрнєйдзаг хуыдтон. Єнє дєу єнєбазыр маргъ дєн, Тєхын дын куы нал у мє бон. Къуырма бєлон єхсєвы тары Дзыназы, йє хєкъуырцц цєуы. Мыййаг, кєд дє хъысмєт ємбары, Мыййаг, кєд мє цардыл кєуы. Ызнон дєр ма рухс хурау кастє, Ємє дє цєй тынг хъал уыдтєн. Ныр абон, мє фєззыгон азты, Уєззау мєтыл бафтыдтай мєн. Мє сагъєс мє риуы нє цєуы, Цєссыгтє єлвасынц мє хъуыр. Єнє дєу мєн уалдзєг нє хъєуы, Мє фєззєг єнє дєу — мєгуыр... Мє зєрдє йє зоны, єнкъары, Зымєгон єхсєвты хуызєн Сєрдыгон дєр не ’нкъард хєдзары Єнє дєу цы уазал уыдзєн... Дунескєнєг! Де ’ххуыс, дє хєрзтєй Ды сурыс мєгуыры фєллад. Ныфсы мур дє курын єрмєстдєр! Ныфсы мур мє зєрдєйєн ратт... 131
ЄЗ МЫСЫН АБОН Тедтаты Фатимкєйсен Єз мысын абон мє райгуырєн зєхх, Мє хорз хъєубєстє, Ныййарєг мады рєвдыд цєстєнгас, Фєлмєн ныхєстє. Єз мысын абон мє царды уалдзєг, Мєйрухс изєртє, Фєндыры цагъдмє ирон зарєджы Єхсызгон зєлтє. Уый диссаг уыди, мє цардуалдзєг мын Цы лєвар радта: Зєлдаг кєрдєджы зєрин єндєхтєй Дидинєг къаба. Єз уыцы къаба ме уєлє скєнын Нє бафєрєзтон. Уарзондзинады зынджы стъєлфєнтєй Мєхи ємбєхстон. Уалдзєджы ’рцыдыл куы бацин кодтой Нє хуымгєнджытє, Ме ’рыгон бонтє уєд фестадысты Цъєх зырнєджытє. Сызгъєрин фестай, уєлєрвтєм хонєг, Куыд тагъд фєзындтє. Уалдзєгмє фєндаг, уалдзєгмє фєндаг, Цєй цыбыр уыдтє! 132
Бєлєсты фидауц, афтє мєм касти, Уый балбєлас у. Гъе афтємєй та мє бєллицдзурєг Ирон ныхас у. Дурджыны Бєрзонд тар хъєды рагъєй Дєрдты фєлгєсы. Ацы зєххєн мєм йє алы дур дєр Сызгъєрин кєсы. Тєхуды ємє йє ирон намыс Бєрзонд чи сисы, Райгуырєн зєхмє уарзондзинадєй Кєй зєрдє риссы. Куыннє ує мысон, мє райгуырєн зєхх, Хъєууон изєртє? Ує хъарм хъєбысы цєргєйє баззад Мє чызгон зєрдє... ^М*
4к< .^Щ ЦЪИТИ-ХОХ РАФЄЛДЄХТ — Ой, нєргє-тулгє цъити-хох рафєлдєхт! — Уадау сау хабар, сау уац тагъд уайы. Уалє Хъєрмєдон бабыни, байсєфти, Ой, Гєналгомы их-зєй нал тайы. Арвєй Бонвєрнон бонєрттывд нал кєны, Дурджын хуссєрттыл баргъєвст рухс фєззєг. Уый цы бакодтай, саузєрдє Урс цъити? Уый цы бакуыстай, Хъолхъа-удхєссєг? Цас рєсугъд фєндтє бануєрстай их-зєйты! Зєрдє дзурєгмє дзурын нал комы. Ой, нє кєстєртє, не ’рттивгє стъалытє, Ой, кєм ує ссарєм уазал арф комы?! Уалє Хъєрмєдон зєйуатєй баззади, Их дзы нал тайы, зєхх дєр бафєллад. Ир, уєззау хъыгєн бафєраз, бафєраз... Ир — нє царды ныфс, Ир — нє рагон мад. 134
ДЫУУЄ МАДЫ Дыуує мадєн Заманхъулы уєлвєзты Сє хъуырмє ссыд сє зєрдєты фєдис. Сє чызджыты кєм агурой, цы бєсты, Кєй бафєрсой, кємєн зєгъой сє рис? — Нєудзар бєрзєндтє афтє бирє уарзтон... Мыййаг, кєд ам сє сабидуг фєкалд? — Дыуує мады дыуує сау дуры фарстой, Дыуує дурєй дєр сау къєрттытє хауд. — О уыгєрдєн, кєд дидинджыты хуызы Нє чызджыты ды бамбєхстай, мыййаг? — Цъєх уыгєрдєн цъєх уылєнтєй нынкъуысы, Ныуулєфы йє фєтєн риуы дзаг. Бєрзбєлас касти цаддоны уєлвєзтєй, Уынгєгзєрдє фєдисєтты уыдта Ємє йє фєлмєн урс зєлдаг хъєлєсєй Дыуує чызджы дыуує мадмє дзырдта: — Ыскъєфта цад йє хъарм уылєнтыл цинтє, Йєхимє сайдта сабиты зєрдє. Ує чызджытє уєд фестадысты цъиутє, Дзєнєты цъиутє цаддоны сєрмє. Фєтєхынц иумє сау зєххы бєстємє, Фєтєхынц иумє, раздахєн цын нєй. Фыдбоны цад та ардыгєй фєстємє Ує тєригъєдєй нал кєндзєн фынєй... 135
ЗЄРДЄ РИССЫ ЄМЄ РИССЫ... Фыдыбєстє, куыд адджын дє лєгєн, Ды нє схастай дє хор ємє дє донєй. Єз дєр дє цинєй амондджын уыдтєн, Дє хъыг мє риуы баззади хъєдгомєй. Цы лєппутє, цы фєсивєд уыдтон, Цы стыр ныфсимє тахтысты фєдисы!.. Нє цє баци ысбуц кєнын нє бон, Ємє мє зєрдє риссы ємє риссы... Ирон хєсты цы цєргєстє фємард! — Мєнєн та баззад хурзєрин мє сєрмє... Ємє нє зєххєн чи радта йє цард, Кєнын єз уыцы кєстєртєй єфсєрмы. Горєты сєрмє сатєг хъєд нынкъард, Фєлгєсынц дардыл хєхтє дєр єдзынєг. «Мє хъє-бу-у-л ! — дзуры зєххы бынмє мад, Уєлємє сыст, ысуазал мын уыдзынє...» Ис удыл тайгє диссаджы дзырдтє... Ныр уыдон, ехх, мє зєрдєйы куы ссарин, Ирыстонєн уєд йе ’хсарджын фырттєн Сє намысыл уынгєг хъєлєсєй зарин. Фыдыбєстє, куыд адджын дє лєгєн, Ды нє схастай дє хор ємє дє донєй. Єз дєр дє цинєй амондджын уыдтєн, Дє хъыг мє риуы баззади хъєдгомєй. 136
ХУРБОНЫ ЦЄССЫГТЄ Оххай, нє сабитє, оххай, нє кєстєртє, Сайдєй уыл рацыд хъысмєт. Дон-дон кєнгєйє уыл рухс дуне баталынг, — Дон ма куыд баназєм уєд?! О, дон ує фєласа, удхор фыдызнєгтє, Ссарат Хуыцауы фыдєх! Мадєй нєма райгуырд ахєм хъєддаг сырдтє, Зєхх сє куыд урєдта, зєхх! Оххай, нє сабитє, оххай, нє кєстєртє, Цард уын цы тєрхон хєссы: Хурджын сєумєрайсом хур уыл куы аныгуылд, Иры зєхх риссы, хъєрзы. «Хорз фыййау пыхсы дєр ары йє фосы фєд, Рындзыл нє кєны фынєй. — Диссаг, куыд раст загъта Иры нєртон поэт, — Иу бахъахъхъєнєг нє нєй!» Мадєлты сау цєссыг сау зєххы нал хъары, Арв дєр кєуы ’мє кєуы. Тох ныл куы ныккодта, о мє Ир, бафєраз, Тохы лєгдзинад хъєуы. Оххай, нє сабитє, оххай, нє кєстєртє, Зєхх дєр фєллад у, фєллад. Уымєй фєлладдєр та — махєн нє Ирыстон, Не ’намонд сабиты мад. 137
ХЪЫСМЄТ О ацы зымєг, фыдбоны зымєг, Йє урс митєй мын сау фєндаг ыскодта. Бєрзонд уєлєрвтєй ме стъалы атахт, Мє уарзон зєххыл мє къахвєд фесєфт. Мєнє хорз адєм, дыуує хъєбулы, Мє дыуує фырты сымах бар уадзын. Чи сє бакєндзєн йє базырты бын, Чи сє рєвдаудзєн фєлмєн ныхасєй? Мє зынаргъ, ме ’мкъай, тынг зын дын уыдзєн, Фидар мын лєууай, макуы фєцудай. Цыма, цєф маргъау, царды хєдтулгє Фєндаджы астєу цалххъуагєй баззад. Куыд мє ауагътай уазал ингєнмє? — Єз хъарм уаты дєр ризгє куы кодтон... Куыд мє ауагътай цєстысыг калгє Сау зєххы хъєбыс, талынг лєгєтмє? Уалдзєджы ’рцыдмє куыд тынг бєллыдтєн, Мє фєрныг цард мєм уый єнгєс касти. Дидинєгкалєг бєрзонд бєлєстау, Рєсугъд уыдысты мє бирє фєндтє. О мады зєрдє, гєныстон фєуай, Размє цєугєйє фєстємє кєсын. Мє рыст хъєбулты хєкъуырццєг кєуын Ме уєнгты ахызт, мє зєрдє скъахта. 138
О, ма мыл тыхсут, мє дыуує фырты, Єз ує сидзєрєй нє ныууадздзынєн. Єз уєм тєхдзынєн хуры тынтимє, Хуры тынтимє къєвдайы фєстє. Єз дидинджыты єртєх цєстытєй Єдзух ує фєдыл джихєй кєсдзынєн. Єз арвы нєрын, тыхджын дымгєтєй, Нє фєллад хєдзар, дєуєн тєрсдзынєн.
ЄНАХУЫР ФЫН — Дє-дє-дєй, дыдта, дысоны єхсєв Цы фынтє федтон, гъей. Цыма мєм усгур, цыма мєм усгур Сау бєхыл тахти, гъей. Мє чызгємбєлттє нє кєрты дуармє Уєд хъазт сарєзтой, гъей. Уым кафыны рад, уым кафыны рад Мєнмє єрхауди, гъей. Єнєрай фєуа, цы барєг уыди, Цы усгур разынд, гъей. Куы нє йє зонын, йє хъал бєхыл мє Кєдєм ыскъєфта, гъей. Дє-дє-дєй, дыдта, дє хъєбысы мын Мє сєр єрбакєн, гъей. Єнхъєлдєн ємє, єнхъєлдєн ємє Балцы цєудзынєн, гъей. Дыдта мын цєра, єрмєст мє фыдєн Мацы ысхъєр кєн, гъей. Фєлмєнзєрдє ’мє сагъєсгєнаг у, — Йє зєрдє рисдзєн, гъей. Бєрзонд уєлєрвтєй ме стъалыйы хай Куыд атєхдзєни, гъей. О, ацы зєххыл мє кєрдєджы хал Куыд бахус уыдзєн, гъей. 140
Мє чызгємбєлттє, хєстєгдєр-ма мєм, Курын, єрбадут, гъей. Мє рухс уалдзєджы єз царды цинєй Куы нє бафсєстєн, гъей. Гъей, ныр цалынмє, гъей, ныр цалынмє Мє уд не схауа, гъей, Уєдмє мын цєгъдут, уєдмє мын цєгъдут Ирон фєндырєй, гъей. ....
ДАРД ДЄ МЄНЄЙ Сугъараты Людсейєн Мє ныгуылд хур, цъєх арвгєрон Цєй тынг дард дє мєнєй! Зєрдє єнє дєу равдєлон Йє цардбєллон фєндтєй. Цєрєнбонтє дын нал курын, — Ныр ницуал хъєуы дєу. Дє къахвєдтє ма агурын, — Мє бон цє ссарын нєу... Уыдтє мєнєн дє цєргєйє Фєндагамон цырагъ. Дє уды конд, дє зєрдєйє Дєуєн нє уыди аргъ. Нє гыццыл чызг мє алыбон «Мє мад кєм и?» — фєрсы, Йєхєдєг мын мєгуыр цъиуау Мє цєстытєм кєсы. Дє цард куынє уыд иу бонєн, Уєд зєрдєйы фєндон, Зєххыл кєй уарзтай, уыдонєн Куыннє загътай хєрзбон?.. Цєрєнбонтє дын нал курын, — Ныр ницуал хъєуы дєу. Дє къахвєдтє ма агурын, — Мє бон цє ссарын нєу... 142
ДЗУЄРТТЫ УАЗЄГ Хъайттаты Будзийєн Зынцъары сєрмє Уналы рєгътє Сєумєрайсомты халас євєрынц. Чи нын райгуыра ацы сау хєхты, Уый хохы дзуєрттє фєндараст кєнынц. Хъайттаты Будзи, фыдєлты фарнєй Ды срєсугъд кодтай дє царды бонтє. Хєдзары амонд, хєдзары хъармєй Сызгъєрин хуртау — дє хорз бинонтє. Ує фєлмєн хистєр ныййарєг мад у, Йє цєстытєй уєм циндзинад худа. Дє цардємбал та хєдзары кад у, — Ує абоны цард макуы фєцуда. Амонды рындзыл — цєргєсы лєппын, Йє фєйнєфарс та — єртє бєлоны. Уый куы у, Будзи, дє иунєг лєппу Йє хоты єхсєн, — йє ныфс цє хоны. Мигъдєуы дзуар дєр сымах хъахъхъєны, Ує хорздзинєдтєм хєхтєй фєлгєсы. Арфєйы бон уын арфє ракєны, Амонды бон уын амєндтє хєссы. 143
ХЪЄУБЄСТЫ ЛЄВАР Уататы Зелимєн Фыдєлты намыс амондау Дєуєй нє кєны цух. Дє алы уєнгєй д’алы ’гъдау Цєй хорз зыны єдзух. Цы фарнєй цєры адєймаг, Цы ном хєссы, цы уаргъ, Ды уымєй фєдє арфєйаг, Ды уымєй дє зынаргъ. Мах зонєм, Зелим Уататы, Дє цєстуарзон лєггад. Зєххыл дєу фєрцы ахады Нє хъєубєстєйы кад. Тєхгє цєргєсы базыртау Дыуує фарны — дє бар: Бимболаты уєздандзинад, Сослємбеджы єхсар. Йє уарзондзинад чи тауы Нє адємыл фєрнєй, Цард ахєм лєгтєй фидауы,— Дєуєн ємбал дзы нєй. Мах зонєм, Зелим Уататы, Дє цєстуарзон лєггад. Зєххыл дєу фєрцы ахады Нє хъєубєстєйы кад. 144
Фыдєлты намыс амондау Дєуєй нє кєны цух. Дє алы уєнгєй д’алы ’гъдау Цєй хорз зыны єдзух. Щш^ Ю3аказ№1358
АРСЕНЫ ЗАРЄГ Дардыл куы байдыдтой хъазынтє Стъалытє арвы кєрон, Райгуырди дымгєйы базыртыл Уадємдых лєппу нєртон! Байрєзт йє райгуырєн хъєубєсты Фадзайтєм уарзон кєстєр. Йе уєнг нє фєллад хъєбысхєсты, Гауызыл арт уыд, цєхєр. Балцы фєрасти Цыколайє Иры бєгъатыр хъєбул. Амонд єм каст Барселонєйє, Хурау єм худти Сеул. Дард балцы Иры бєгъатырєн Уастырджи йе ’мбал уыди. Йе стыр уєлахиз — єхсєз хатты! Дунейы рухсмє зынди. Фесгуыхт ирон лєппу дард бєсты, Скодта йє дзыллєйєн ном. Нарты нєртон туг — йє къабєзты, Хурау йє зєрдє — єргом. Рухс амонд дунейы фарнимє Иры рєсугъд зєххыл фен, Де стыр уєлахизты кадимє Бирє фєцєрай, Арсен! 146
УРТАТЫ АНАТОЛИЙЫ ЗАРЄГ Ирон кад, ирон кад, єхсар ємє намыс Фыдєлтєн єхсыстой сє зєрдєйы уаг. Уртаты хорз Толик, лєджы сєр дєр бахъуыд, Фыдгєнджыты єрдонг нє ратдзєн фєндаг. «Куы ма фенин иу хатт мє ныййарєг мады, Мє гыццыл сабиты, — зєгъин сын хєрзбон.» Фыдгєнджытє худынц: «Ды ниц’ уал фендзынє, У ацы фєстаг бон дє царды кєрон». «Ує тєригъєд, — зєгъы, — уєхиуыл фєцєуєд, Сымах мє фєстаг бон куы ахєссат хъаст, Нє федтат, ирон лєг мєлын дєр куыд зоны, Куыд зоны уый йе знєгтєй исын йє маст. Цєй сау мигъ єрбадти мє фєндаджы размє, Уынгєг бон єнє тох куынал уыд гєнєн, Уєд уыцы бирєгътєн, уєд уыцы лєгсырдтєн Лєгєй-лєгмє хєсты ахъаззаг фєдєн.» Уртатєн уєд Толик — сєрєнты сєрєндєр, Уртаты сахъ Толик уыд лєгтєй лєгдєр. Фыдгултимє тохы йє ирон єхсарєй Нє дзыллєйы намыс уый систа уєлдєр! 147
СОЗАЙТЫ МЄХЄМЄТЫ ЗАРЄГ О, фарн уыл єрцєуа, гъей, Урсдоны быдыртє, гъей, Цы уац уыл ємбєлы, гъей. Созайты Мєхємєт, гъей, Йє адзалы сахат, гъей, Ує уындмє куы бєллы, гъей. Тєхуды, иу хатт-ма, гъей, Сєумєрайсом, гъей, Йє куыстмє чи цєуы, гъей. Йє уарзон хъєубєстєн, гъей, Сє фєрныг хъуыддєгты, гъей, Лєггадєн чи хъєуы, гъей. Єз сусєг-єргомєй, гъей, Цы чызджы уарзтон, гъей, Уый федтон ныхасмє, гъей. Куыд рєсугъд уыдыстут, гъей, Куыд цыбыр уыдыстут, гъей, Мє базырджын азтє, гъей!.. Сызгъєрин зад хуымты, гъей, Фєйлаугє денджыз, гъей, Хуыдтой мє цинад, гъей. Зєрдиаг фєллойы, гъей, Агуырдтон, гъей, Царды рєстдзинад, гъей. 148
Єз афтє єнувыд, гъей, Цы сау зєххыл уыдтєн, гъей, Мє уалдзыгон азты, гъей, Гъе уый мє, ох, єллєх, гъей, Цардбєлллон, цардхъуагєй Йєхимє єлвасы, гъей... Єнхъєлдєн, ємє ує, гъей, Мє ныййарджытє, гъей, Мє фєндтєй фєсайдтон, гъей. Ныббарут, мє хотє, гъей. Мє фєстаг сахат уын, гъей, Хєрзбон дєр нє загътон, гъей... Уєлєрвты талынджы, гъей, Мєйы чызг адзєгъєл, гъей, Єрттивы йє хъусцєг, гъей. О рухсаг єрбауай, гъей, Созайты Мєхємєт, гъей, Хъазуатон зєхкусєг, гъей! ч^>
ХЄМЫЦАТЫ РОМАНЫ ЗАРЄГ Зєрдєйы циндзинад, зєрдєйы уєззау хъыг Єййафынц, мє хуртє, єййафынц кєрєдзи. Хємыцаты Роман йє дзыллєйы кадєн Цы мєсыг амадта, уый амад нє фєци. Дард бєстєй йє мадмє уый афтє куы фыста: «Нє Иры зєхх мысын, тагъд Ирмє цєудзынєн. Додзинкєйы хєрзтє, йє бирє дзєбєхтє, — Уый афтє куы загъта, — нє ферох кєндзынєн». Єнафоны єрвнєрд фыдохы хъєлєс у, Єнафон єрвнєрдєй къєдзєх дєр нырризы. Додзинкє бадзуры: «Мєнє мыл цы бон и, Хъєбулы зындзинад, охх, мєнє куыд риссы. Дє бирє ’фсымєртє дє уарзон ємбєлттєм Єнкъардєй кєсдзысты сє цєссыг ємбєхсгє. Єфсымєр йє хотєн зєрдєйы уидаг у, Дє дыуує буц хойєн зєхх сафтид дє фєстє». Хємыцаты Роман йє хорз фыды фарсмє Сау зєххєй ыскодта єнусон цєрєнуат. Дє бєлццон, Додзинкє, дє ахуыргонд лєппу Нє Иры хъарм зєххыл ысуадздзєн йє фєллад. 150
СЄБЄТХЪУАТЫ ХЪАЗЫБЕДЖЫ ЗАРЄГ Сызгъєрин фестинаг, о, уыцы сєууон райсом Сєбєтхъуаты дуармє цы лєппу єрлєууыд... — Ракєс-ма, ныййарєг, ракєс-ма дє кєртмє, Мєнє дєм дард бєстєй дє бєлццон єрхєццє. Хурхєтєн афон дєм хуры цєст єрбакаст... Диссєгтє, ’мбисєндтє, цинтє ’ мє хъєбыстє. Уєд иу бон Хъазыбег йє мадмє куы дзуры: — Хєхтєм дын куы цєуын, нє Иры бєрзонд хєхтєм. — Фєлєуу-ма, Хъазыбег, фєлєуу-ма, мє хъєбул, Нырма дєм кєсынєй куынєма бафсєстєн, Мє цины цєссыгтє куынєма ныссєрфтон, Куыд тагъд мын арєвдз дє, дє фєндаг куыд уыдзєн? — Ма мыл тыхс, ныййарєг, ма мыл тыхс, мє буц мад, Мєлєтєй тас мын нєу, адзал мєм не ’руєнддзєн. Нє хєхты фенынмє єз рагєй бєллыдтєн, Ма мыл тыхс, ныййарєг, ма мыл тыхс, мє буц мад. — Хъєрмєдоны сєрмє иу єхсєв бонырдєм Арвєй нєргє-тулгє сау къєвда рацыди, Фезмєлыд урс цъити, зєйласєн раивылд. Адємы тарст хъєрмє, сабиты кєуынмє Арвєй зынг цєхєртє сау кємттєм калдысты, Хъєрмєдоны сєрмє иу єхсєв бонырдєм Сєбєтхъуаты Хъазыбег уєд афтє бадзуры: — Ма фєтєрс, Махарбег, мє кєстєр єфсымєр, Фєлєуу уал дуры сєр, єз дєр дєм зындзынєн. Уыцы сывєллєттєй дон искєй ку ’аласа, 151
Тєригъєд уыдзєни, мєнєн — та худинаг, Уыцы сывєллєттєй дон искєй ку ’аласа. Сау хохєй сау барєг фєдисы рацыди. Кєй дуармє єрлєудзєн, Кєй дуармє єрхиздзєн?.. Фыдбылыз єрцыди, фыдбылыз, ныййарєг, Къєсєртыл мауал лєуу, Єнхъєлмє мауал кєс: Єнахъом сабиты ирвєзын кєнгєйє Ивылд уєззау доны дє бєлццон фесєфти.
ГОДЖИАТЫ РОМАНЫ ЗАРЄГ Фєззыгон хур бон... сызгъєрин райсом... Хур-хор бирєгътє фєхєссынц хуры. Годжиаты Роман афтє куы зєгъы, Йє фєлмєн мадмє афтє куы дзуры: — Рєсугъд цардєй дын зєрдє євєрдтон, Зєрдє євєрдтон, мє буц ныййарєг. Фєлє єндєр уыд хъысмєты тєрхон: Нє цуры февзєрд тызмєг лєгмарєг. Рєзгє фєсивєд — тала бєлєстє, Не знєгты къухєй уєнггай ызгъєлынц, Туг ныл ныууарыд, нє Иры бєстє, Нє бєрзонд хєхтє цєй тынг нызмєлынц. Арв ныл єрхауди, цард ныл нытталынг, Нє тєригъєдєй бын бауа не знаг. О, уыцы райсом мєнєн мє хєдон Мє уєззау цєфтє бєттынєн не сфаг. Єз федтон, федтон Беслєны зєххыл Фыдбоны сау дур тугвєдтыл тулгє. Емауцы уын бабайы бєхыл Нал абаддзынєн мидбылты худгє. О, уыцы райсом хъєууаты сєрмє Кєй бєх ныууасыд кєрдєгджын фахсыл? Бабайы цєстмє цы ’фсургъыл тахтєн, Кєд мєм уыцы бєх фєстаг хатт уасыд? 153
Арвы кєронєй ничи раздахдзєн, Ничи раздахдзєн ныгуылгє хуры, — Годжиаты Роман афтє куы зєгъы, Годжиаты Роман афтє куы дзуры: — Роберт, ме ’фсымєр, ды-иу мын разын Царды фєндєгтыл зынтєн фєразон. Мє гыццыл хойы дєуыл фєдзєхсын, Нє мад, нє фыды буц дарын базон. Цємє бєллыдтєн нє Ирыстоны: Хистєры ныфсєй кєстєр куы цєрид, Ємє рєсугъдєй ирон дыргъдоны Не ’рыгон тала бєлас куы кєнид. Мє царды уалдзєг — цыппєрдєс азы, Цыппєрдєс азы цєй гыццыл уыди! Мє ныййарєг мад, дє дєлбазыр мє Цєрын фєндыди, цєрын фєндыди...
НЫЙЙАРЄДЖЫ РИС Къєдзєх нызмєлыд йє тархъєдимє... Уєд Антонинє афтє бадзуры: — Акєс-ма, мє чызг, акєс, Фатимє, Кєд сау фєндагыл сау уєрдон тулы. Єнхъєлдєн ємє мє иунєг лєппу Йє цардєй ацыд йє бинонтимє. Иу дзы йє фєстє куыннє ныууагъта? Уєд та Таймураз, уєд та Зєлинє... Мє ныфсы мєсыг, цєй хъал дзы уыдтєн, Йє алы уєнгєй й’ алы ’гъдау зынди. Цыма мын хъавыд цыдєр зєгъынмє... Цымє, цы уыди, цымє, цы уыди?.. Єнкъардхуызєй ма цємєн бахудти Хєрзбон зєгъєгау балцы цєугєйє? Мє уєззау хъыгєй мє цєссыг бахус, — Нє зонын дзурын єнєкєугєйє. Мє уєздан хорз чындз, мє ныгуылд хуртє Хуры хъармєй мын нє бафсєстысты. Мє рыст хєдзарєн йє талынг къултє Цєй уазал ысты, цєй уазал ысты... Тєхуды ємє йє адджын хъєбул Царды кємєн у йє хєдзардарєг, Кєуыл узєлынц хъєбулы хуртє, Цєй амондджын у уыцы ныййарєг!.. 155
ДЄУ БАЙСТА ХЄСТ Ч ы з г: О цардуалдзєг, цы хорз амонд мын радтай, Уый дард бєстєйы сау хєстмє фєцыд. Мє зєххон стъалы, бамбар мын мє катай, Мє зєххон цєргєс, фехъус мын мє дзырд. Л є п п у: Дє ныхас хъусын зарєджы зєлтимє Ємє фырцинєй нал арын бынат. Куыд дє, мє хур, цы хабєрттє — нєхимє? Куыд цєры, куыд, мє ныййарєг, мє мад? Ч ы з г: Уый чызджыты ’хсєн аивєй йєхицєн Дє раздєхынмє агуры чындзаг. Цємєй йє зоны, махєн нєй фєхицєн, Цємєй ємбары мах зєрдєйы уаг? Л є п п у: Сызгъєрин фестай, бафсєдай мын цардєй, Кєд уыдзєн, ехх, нє рухс бєллицы бон? Тєхуды, ’рлєуу ирон зєххыл фєлладєй, Тєхуды, ’рлєуу ирон хъазты кєрон. Ч ы з г: Лєгєн йє хєс у хъахъхъєнын йє бєстє, Йє бинонты, йє уарзоны, йє хъєу. Фєлє дєу цард цєй дард бєстєм фєхаста? Афганы зєхх аланты зєхх куы нєу! 156
Л є п п у: Уєууєй, мє хур, цы гєнєн и салдатєн? Кєй єндавынц йє сагъєстє, йє рис?.. Фєлтау мын, цєй, Ирыстоны кой ракєн, Дє зєрдєйы цы ног хабєрттє ис? Ч ы з г: Ызнон дєр та нє зонгє къахвєндагыл Дєу мысгєйє цыдтєн ємє куыдтон. Фєдзєхстон дє сызгъєрин Лєгтыдзуарыл, Хуыцауєй дын рєсугъд фєндаг куырдтон. Л є п п у: Хуыцауы дзырд мыл нал сємбєлди, оххай, Ємє фєразєй... судзгє сау нємыг. Ныр уєм Афганы дард бєстєйы тохєй Мєхи разєй ...фєуыдзєни мє хъыг. Уєззау цєфєй мє цєстыты рухс тайы, Кєйдєр сыгъд зєххыл баталынг мє бон. Мє хъустыл ма мє мады хъєлєс уайы... Хєрзбон, мє мад... Мє Иры зєхх, хєрзбон... Ч ы з г: Дєу байста хєст мє уалдзыгон зєрдєйє, Фєлє мын хєст нє байсдзєни дє хуыз. Ныр ма... єрмєстдєр сау зєхмє цєугєйє Ыскєндзынєн мє чындздзон къаба єз.
АБЫРЄДЖЫ ЗАРЄГ Цєргєс куы нал у йє ахстоны дєр Йєхи уды бар. Нє хєхты астєу Сырхдуры лєгєт — Мє уазал хєдзар. Мє цардуалдзєджы рєсугъддєр бонтє Єз уым фємысын. Охх, мє ныййарєг, куы нал фєразын Фєсалыл хуыссын. Єз-иу мє цин дєр, єз-иу мє хъыг дєр Дєумє куы хастон. Афтє бирє ма мє райгуырєн зєхх, Мє бєстє уарзтон. Фєлє фыдызнаг єнєхатырєй Нє артдзєст халы. Єз хъахъхъєндзынєн мє уды рухсєй Нє Иры стъалы. Нє фыдызнаг та зєххы туг нуазы, — Нєма дзы бафсєст. Охх, мє ныййарєг, цєрын цєй зын у Єнє хи артдзєст. Єз ард бахордтон мє хорз фыдєлтєн Сє рухс цєсгомєй, Уымєн раивтон мє фєлмєн куырєт Ызгъєр хєдонєй. 158
ИРЫ ФЄДИСЄТТЄ Цєргєстєн сє фезмєлд бєрєг у сє тахтєй, Фыдбон дєр нє уадзынц сє хъазын. Фыдєлты Ирыстон — Хуссарєй, Цєгатєй, Гъєйтт мардзє, єфсєнфидар разын! Нє сабырдзинад нын тыхгєнєг єрдонгтє Єнєныфс, лємєгъдзинад хонынц. Уєдє-ма фєкєсут, аланты фєдонтє Тєхын дєр, хєцын дєр куыд зонынц. Цъєх айнєг къєдзєх дєр хаттєй-хатт, мє хуртє, Фєдисбон бындзарєй нызмєлы. О, рухс цард фєкєнат, нє Иры хъєбултє, Ує раст цєф нысаныл ємбєлы. Цы хорз ном ныууагътат, хъєбатыр хєстонтє, Цы хорз кад нє бєстє, нє хєхты! Нє ирон дзыллє уын цєргє-цєрєнбонты Фєкувой сызгъєрин тєбєгъты. <М| %^0^
БАБАЙЫ ХЪЄБУЛТЄ - Дысон та бонырдєм уєлєрвты ауыдтон Стъалы тєхгєйє. Акєс-ма, уєртє лєг, нє хєстон лєппутєй Кєд исчи ыссєуы. — Фєстємє здєхынєн рєстєг цын нєма ’рцыд, Нырма знаг нє сєтты. Стъалы та амонд у, — иу рухс бон зындзысты Бабайы хъєбултє. — Кєртастєу бєласєн зилгє ’мє здухгєйє Йє сыфтєр згъєлы. Кєд хистєр лєппуйыл фыдбылыз сємбєлди Сау хєсты быдыры? — Рєстдзинад тыхджын у, Хуыцауєй курдзыстєм Нє фырттєн цєрєнбон. Дє зєрдє ма тєрсєд, бєлас та уалдзєджы Ног сыфтєр єфтаудзєн. — Дысон дєр та цє єнахуыр хъєлдзєгєй Ауыдтон мє фыны. Цымє нєм постхєссєг цы хабар єрхєсдзєн, Цы хабар єрхєсдзєн? — Нє уарзон хъєбултєн цард ємє хорз амонд Сє фарсмє цєудзысты, Знєгтимє карз тохы нє Иры сыгъдєг ном Кадимє хєсдзысты. 160
— Тєхуды, тєхуды, мє цотєн сє кєстєр Ныртєккє цы ран и? Цы хур єй єндавы, цы мєй йєм фєкасы, О, ацы тыхст бонты? — Цард ємє хорз амонд сургєйє куы не сты, Зынтєн уал фєразєм. Райгуырєн бєстєйєн уєлахиз єрхєссын, — Гъе, уый у сєйрагдєр. — Мє хєстон хъєбултє, ує цыппар хойы уын Ує уындмє куы бєллынц. Ує фєндаджы рыг уын єппын кєд цєхсиккой Сє цины цєссыгтєй. Акєс-ма, уєртє лєг, сєуєхсид арвгєрон Тємєнтє куы калы... — Уый цины нысан у, уый амонд цєудзєни Нє мєгуыр хєдзармє. Нє хєстон хъєбултє уєлахиз єрхєссынц, Уєлахиз єрхєссынц! Сє разєй куы цєуы, сє разєй куы цєуы Сызгъєрин сєууон хур. 11 Заказ№1358
ЦЪЄХ ЦИНЕЛ Тєхуды, тєхуды, йє уарзон ємбалы Иу хатт ма чи фены зєрдиаг ныхасмє. Тєхуды кєнгєйє мє бонтє єрвитын, Мє амонд єлгъитын, гъей! Дє сау гєххєттєй мє мєтыл куы бафтыдтай, Рухс мыл куы нал кєсы, арв мыл куы баталынг, Уєд ма ныр цы кєнон, мє фєлмєн цардємбал? Дє ныстуан кємєн загътай? Кєд мын цъєх цинел дє чырын раивта, Йе мын кєд дє сау худ де ’рфгуытыл єрхауди, Уєд дє тєригъєдєй тыхгєнєг басєтта, Єндєр ын цы зєгъон, цы? Дє кєстєр хъєбул дє арєхдєр афєрсы, Хистєртє ємбарынц ємє дє нє фєрсынц. Фєлє цын фєзєгъын: «Ує фыд уєм ыссєудзєн, Лєвєрттє ысхєсдзєн, гъей!» Се ’ппєтєй мєгуырдєр — дє зєронд ныййарєг, Єхсєвєй уєд бонєй єнхъєлмє чи кєсы, Йє хєстон хъєбулы фенынмє чи бєллы Ємє йє чи нал фендзєн. Сидзєрты фєлладхуыз цєстытєм кєсгєйє Мє зєрдє ныддури, мє дзыкку фєхалас. Ує, мє тєригъєдєй, гермайнаг лєгмартє, Хєрзбын єрбауат, гъей! 162
ХЄРЗБОНЫ ЗАРЄГ Ыстъалыты хистєр сатєгдзєст Бонвєрнон Ирд тємєн калдта. Уєларвы бєрзєндтєй нє хєстон лєппутєм Рухс цырагъ дардта. Томайты Хъылцыхъо уєд хєхтєм кєсгєйє Афтє куы дзуры: — Хъєдгєроны астєу сидзєрєй ныууагътон Мє гыццыл хуры! Мє иунєг сидзєр чызг, чи йыл узєлдзєни Зєрдєйы хъармєй? О, уєлє Бонвєрнон, уєд та йє ды батав Де ’нусон фарнєй. — Хъылцыхъо бадзуры: — Цард ємє, дам, амонд Сургєйє не сты. Сау хєсты цєхєры мє цєфтє нымадтон, — Нымад нє фесты. Мє райгуырєн зєххєн йє бирє дзєбєхтє Тугєй куы фыстон. Хєрзбон у, мє бєстє, хєрзбон ут, нє хєхтє, Хєрзбон, Ирыстон! 163
ЧЫПЫРАТЫ ХЄСТОН ЄФСЫМЄРТЫ ЗАРЄГ Тархъєды фидауц — нєзы бєлєстє, нєзы бєлєстє, Цєй тынг зынаргъ дє, Бєтєхъойыхъєу, зєронд хъєубєстє. Ацы бєрзонд зєхх нє хорз фыдєлтєн мады ад кодта, Ам фарны рєстєг бонтимє тахти, азтимє згъордта. Ацы нєртон зєхх куыд хорз фидыдта ирон барєгєй, Цы хъєздыг уыди фєндырдзагъд ємє ирон зарєгєй. Гъе фєлє иу бон хъєубєсты Амонд зєхмє ныхъхъуыста: Зєронд Єццыло йє цыппар фырты хєстмє єрвыста. Цы зєгъа, мєгуыр, цы бафєдзєхса йє буц хъєбултєн, Уєззау фєндагыл цы ныфс бавєра йє райдзаст хуртєн? Бирє фєлєууыд, ыстєй уєд загъта дєрдты фєлгєсгє: «Ма ферох кєнут ує райгуырєн хъєу, ує Фыдыбєстє. Нє Ирыстонєн йе стыр номгєнєг — хъєбатыр лєгтє, Хуыцауы уазєг, ує мады фєндиаг — ує цардвєндєгтє». Чыпыраты сєрєн Дзантемыр уєд афтє дзуры: «Ма ныл тыхс, баба, сыгъдєгцєсгомєй зєгъєм дє цуры, О бауырнєд дє, о бауырнєд дє, ацы зєххыстєн, Єгаддзинад дєм тохы быдырєй мах не ’рхєсдзыстєм». Гъе стєй уєд, зєгъынц, ныфсєвєрєгау хъєлдзєгзєрдєйє, Хєрзєбон, зєгъгє, ныззарыдысты хєстмє цєугєйє. 164
Фєндагєй дєр ма зєронд бабамє сє зарын хъуысти, Цємєй йє зыдтой, сє хъысмєтєй цын цы тєрхон фыст и. Тохы быдыры єхсарджын гуырдтє бєрєг куы дардтой, Бєсты сєрвєлтау єртє ’фсымєрєй адзал ыссардтой. Зєронд Єццыло йє фыртты мєтєй бафєллад, бастад, Сє кєрты дуармє йє лєдзєджы ’нцой лєугєйє баззад. Уєддєр ын, мєгуыр, зынаргъ уыдысты нєудзар уєлвєзтє, Фыдєлты уєзєг, Бєтєхъойыхъєу, зєронд хъєубєстє!
МАГКАТЫ ЗУРАБЫ ЗАРЄГ О нє Ир, дє фєтєн риуы Нал цєуы дє рис. Мах хъєуынц тыхджын хєлєрттє, Мах хъєуы цєдис. Б а з а р д: Магкаты Зураб Ирон дзыллєйы Дард фидєн уыдта. Адємты єфсымєрдзинад Царды хос хуыдта. Сыстади Адайы ’фцєгєй Урсбазыр цєргєс. Фарны лєг хєххон минєвар, Уастырджийы ’нгєс. Б а з а р д: Цєргєстє уєд Иры кємттєй Стахтысты бєрзонд. Дард Цєгаты ус-паддзахмє Уыд сє фєндаг конд. Б а з а р д: О нє Ир, йєхи удєй дє Чи уарзта фылдєр, Уый фєндиаг амондджынєй, Арфєйагєй цєр! 166
БАЙМЄТАТЫ ЦЫППУЙЫ ЗАРЄГ Чызджыты хохєй уєд ыстъалытє єрттывтой, Тємєнтє калгє нє Ирмє зындысты. Баймєтаты Цыппу — нє зонды къуыбылой, Йє бєстон хъуыдытє хєзнатє уыдысты. Бєрхиуы куырєйттєм куыройдзау нал цєуы, Мєгуыр лєгмє, Цыппу, фыдбылыз ємхиц цєуы. Ма сауаз комы дон, рухс дєр нє нал хъєуы, Дє хорз фєнд, не ’фсымєр, єрмєстдєр бєллиц у. Баймєтаты Цыппу йє мидбылты худгє Уєд афтє куы дзуры йє адємы хєрзтєм: «Донєй нын ма тєрсут, дон цард у, мє хуртє, Нє талынг хєхбєстєм сызгъєрин хур хєсдзєн». Ламардойнаг дугъон... Цєй тынг ын єнтысы, Цыппу йыл тєхгєйє цєфхєдтє ныссагъта. «Кєд ємє, хорз адєм, нє хєхты хъєбысы Цы доны тых сємбырд, уый амонд у», — загъта. Баймєтаты Цыппу Дєргъєвсы бєрзондєй Джызєлдонмє касти, йє тагъд цыд ын уарзта. Нє ирон фарны лєг йє цард ємє зондєй Нє хохы арв кємттєм зєрин хур єрхаста. Джимарайы куырд сын нєртон кард ыскодта, Нєртон кард ыскодта фєсхохаг єндонєй. Баймєтаты Цыппу ыстыр кад ыскодта Нє Иры дзыллєйєн йє хъєубєсты номєй. 167
КАРСАНТЫ ХЪАЗЫБЕДЖЫ ЗАРЄГ Ададжы сєрмє Дурджыны Бєрзонд Нєзыхъєдєй у. Карсанты лєппу сєрєн Хъазыбег Афтє бадзуры: — Тєрсгє ма кєнут, арв куыд фєнєры, Афтє нє цєвы. Бєстєйы амонд, бєстєйы намыс Лєджыхъєдєй у. — Терчы уылєнтє цы уадєй уайынц Єрд жынарєгєй. Карсанты лєппу сєрєн Хъазыбег Афтє бадзуры: — Ирон фєсивєд, цєй ємє, зєгъы, Хєстмє цєугєйє Урссєр хєхтєн хєрзбон зєгъєм Ирон зарєгєй. — Уый хорз ємбєрста: адємы фарнєй Къєдзєх ныннєры. Хъєбатыры ном нє Иры зєххыл Мыггагмє цєры. Карсанты лєппу мєйдар єхсєв дєр Боны цыд кодта. Тохы быдыры йє Ирыстонєн Уый кад ыскодта. 168
БЄРОЙТЫ МИШАЙЫ ЗАРЄГ Сєрдыгон хурмє, дам, ой, сау мигъ лєбуры, Нє зєхх дєр нынкъарди, уєларв дєр ныттар. Бєройты Миша, дам, уєд афтє бадзуры: — Хєсты бон цєй хорз у ирон лєджы ’хсар. Уєлахизмє хонєг рєстмєйы хъуыддагєн У Райгуырєн бєстє йє фидар гєнах. Сєрибарыл тохы цыфыддєр ызнагєн, Нє фыдєлты бєстє нє ратдзыстєм мах. — Бєройты инєлар... Уый тохы цєхєрєй Уєлахизмє хастой хъысмєт ємє цард. Йє хєстон хєдон, дам, уыд Церечы згъєрєй, Нємыг дзы нє хызти, нє йыл хєцыд кард. Цы уалдзєг єрцыди зєрдєрухс фєндтимє, Уєлахизы уалдзєг єрлєууыд єргом, Бєройты Мишайєн йє райгуырєн Ирмє Йє разєй цыдысты йє кад ємє ном. Джызєлы хъєубєстєн єнусон — йє хорзєх, Лєппуйє лєггєнєг — йє къонайы арт. О, фарн дыл фєцєуа, куыд хорз дє, ирон зєхх Инєлар кєм райгуырд, инєлар кєм цард. 169
¦’¦ГЗ ткм* БИТАРТЫ ЄФСЫМЄРТЫ ЗАРЄГ Тархъєды бєлас цємєн нызмєлди ирон зарєгмє, Цємєн нызгъєлди йє сєууон єртєх йє сау къабєзтєй? Битарты Чермен, далє-ма акєс комы нарєгмє: Уый де ’фсымєртє кєд заргє ссєуынц Германы хєстєй. Бєлццєтты астєу хєххон цєргєсау бєрєг чи дары, Уый кєд Барис у, сє разєй цєуы дєрдтыл фєлгєсгє. Битарты Барис зєрдєуынгєгєй афтє ныззары: — Куыд зынаргъ мын дє , куыд тынг дє мысын, нє ирон бєстє! Фєлє нын тохы нє цардвєндагыл ихкъєвда уары, Єз нал фендзынєн мє дзєбєх хоты, мє цардємбалы. Ацы уєззау хєст цард ємє амонд йє разєй суры, Єз нал фендзынєн мє дыуує чызджы, мє дыуує хуры. Хєстон лєппутєн сє рєсугъд кєстєр Хъазджери уыди, Йє хорз хистєртєм кафгє ’мє заргє сау хєстмє цыди. Уый йе ’фсымєрты цы уарзтєй уарзта, цы уарзтєй уарзта, Хуры хъєуєй цын, Хуры хъєуєй цын хуры рухс хаста. Фыдбоны артєй уєлахизимє єрыздєхтысты Єхсарджын Шамил,сєрєн Ханджери, ныфсхаст Иналыхъ. Битары фырттєн хєстон фєндагыл сє къах нє фєллад, Тохы быдыры бєрзонддєр систой ирон лєджы кад. 170
ЦЄЛЛАГГАТЫ МАРАТЫ ЗАРЄГ Сау хохы рындзєй цы цєргєс ратахт, Цы цєргєс зынди арвы бєрзєндтєй, Уый зєххы риумє кєй цєфєй єрхауд, Цємєн фєхицєн йє хорз ємгєрттєй? Тєхуды ємє йє фыды фєндиаг Йє цардуалдзєджы цы лєппу уыди. Цєллаггаты Марат, тєхгє цєргєсау... Єнафоны балц... Цємєн дє хъуыди? Горєты сєрмє дє тагъд машинє Цємєн фєкалди, куынєуал тулы?.. Цєллаггаты Марат — єнамонд бєлццон, Уєд афтє зєгъы, афтє бадзуры: — Бєргє мє фєндыд мє мады фарсмє Зєронды бонтєм дзєбєхєй цєрын. Фєлє мєм хорз каст мє балцвєндєгтыл Мєйдар єхсєв дєр боны цыд кєнын. Мє сызгъєрин мад, афтє мєм касти, Єдзухдєр цыма тєхын дє размє. Ох, Розє, Розє, дє хъарм цєссыгтє Мєн тыххєй кєлынц єхсєв дє базмє. Ныббар мын, Сергей, мє уєздан хорз фыд, Нє хъєлдзєг бонтє цєй раджы фесты. Цємєй йє зыдтон, цємєй ємбєрстон, Цард ємє амонд сургєйє не сты. 171
Цєй цыбыр уыди мє царды уалдзєг, Куыд атахтысты сызгъєрин азтє! Кєстєр єфсымєр зєрдєйы ныфс у,— Мєхи уды бєрц Асланы уарзтон. Єз зонын, зонын, мє буц ныййарєг, Уалдзєг куы ’рцєуа сырх уардитимє, Уєд уыдон астєу уыдзєн мє зєрдє, Мадуарзаг зєрдє фєлмєн дзырдтимє. — Тєхуды ємє йє дзыллєйы ’хсєн Йє уды рухсєй бєрєг чи дары, Йє хорз бинонтєн сє фидауц чи у, Уый мады хур у, зєххон ыстъалы. Цєллаггаты Марат — ємгєрттєн уарзон, Цєхєрцєст лєппу — цєргєсы хуызєн. Ды ацы зєххыл бирє кєй уарзтай, Уыдонєй дє ном нє ферох уыдзєн.
ТАУТИАТЫ СОЛЄМАНЫ ЗАРЄГ Елхоты сєрмє нын ыстъалы ферттывта, Ыстъалы ферттывта, гъей! Уый, зєгъы, ыстъалы нє уыди, лєппутє, Нє уыди, лєппутє, гъей! Курдиатджын, цєхєрцєст Таутиаты Солєман Нє Ирон театыры зєрин хур ыссыгъта, гъей! Фыдєлты єхсарєй єхсарджын чи уыди, Єхсарджын чи уыди, гъей! Чи стахти бєрзонддєр нє Иры цєргєстєй, Нє Иры цєргєстєй, гъей! Чи басыгъд єнафон йєхи зынгєй царды, Нє номдзыд Солєман, нє театыры фидауц. Мєлєт дын макуы уа, нє Ирєн кадгєнєг, Нє Ирєн кадгєнєг, гъей! Хорз адєм сє сєртє бєрзонд кємєй хастой, Бєрзонд кємєй хастой, гъей! Нє рєсугъд зєрдєты дє рухс ном фєцєра, Таутиаты Солєман, нє Иры сєрєнгуырд. 173
ЄГЪУЫЗАРТЫ ЄХСАРБЕДЖЫ ЗАРЄГ Адємы чи уарзта, Цард зондєй чи барста. Кєй фєрныг хъуыдытє? О, уыцы бєрзонд лєг, О, уыцы хєрзконд лєг, Єхсарбег, ды уыдтє. Царды ад ємбєрстай, Дзырдамонд нывєзтай Зєрдєбын ныхасєй. Єхсєнады хъуыддаджы Дє хъаруйы руаджы Ды цыдтє нє разєй. Дє уынд ємє кондєй, Дє курдиат, дє зондєй Єхсызгон рухс хастай. Нє бєрзонд хєхбєстє, Нє ныллєг тыгъд фєзтє Дє уды бєрц уарзтай. Дє ныфсєй сє хъуыддаг Єгъуызарты мыггаг Єрдєгыл нє уагътой. Єхсарбег, зєгъгє-иу, Єхсарбег, зєгъгє-иу Сєрыстырєй загътой. 174
Хєрзмыггаг тауєгау, Дє ирон хорз єгъдау Уыд царды фєзминаг. Дє рухс уды хъармєй, Дє кєстєрты фарнєй Дє ном уєд цєринаг!
ЄНКЪАРД МАДЫ ЗАРЄГ Хємыцаты Зинєйєн Цы бон єрцєудзєн, цы райсом уыдзєн, Ацы арвы бын уый ничи зоны. Толдзгуыны хъєуєй адємы рєгъмє Мє къухтєй атахт єртє бєлоны. Тєхгє-тєхын мєм, тєхгє-тєхын мєм Сє иу єдзухдєр фєстємє касти. Єртє бєлоны — ме ’ртє буц чызджы, Уый мєм фєстємє кєстєр чызг касти. Єз хъулон уарзтєй цы чызджы уарзтон, Уый Светє уыди... Уый цард куыд уарзта! Йє цєстєнгасєй йє зєрдє зынди, Йє зєрдє та мын йє армы хаста. Нє сабыр кєртмє єнкъардєй кєсын, Куыд хъєлдзєг уыди — мє зєрдыл дарын. Мє рєсугъд чызгыл ныр ацы зарєг Цєссыгкалгєйє мєхицєн зарын. Цєй тынг мєгуыр у дє ныййарєг мад, Мєт дыл чи кодта къєсєрєй дуармє. Куыд ма бакєсон, ды кєм нал вєййыс, Ды кєй ныууагътай, уыцы хєдзармє?.. Дзампаты Артур... Куыннє йыл риссон? Йе ’нгом бинонтєн цы стыр ныфс уыди! Йє цардвєндагыл йє ирон єгъдау Рєсугъдєй зынди, рєсугъдєй зынди. 176
Беслєныхъєуы уєззау фєззєджы Мє зєрдє адих, мє зєрдє бастад. Уыцы фєззыгон хурбоны цєссыг Цєргє-цєрєнбон мє риуы баззад. Гыццыл Агуындє... Уый йе скъоламє Уыцы фыдрайсом цєуын нє куымдта. Йє мадмє касти єнкъард цєстытєй, — Євєццєгєн мын йє адзал зыдта. Аспар та, мєгуыр, цард цы у, уый дєр Нєма базыдта... Зєрдє йє мысы... Єнусмє баззад мєрдон фынєйє Ныййарєг мады фєлмєн хъєбысы. Дидинєгкалєг євзонг бєласы Арв дєр нє цєвы, уад дєр нє сєтты. Уєд ацы сау зєхх куыдєй уромы, Хуыцау кємєн нєй, ахєм лєгсырдты?! Адємы фыдєх ує фєдыл бафта! Хъєддаг сырд дєр ма тєригъєд зоны. Нє гыццыл хуртє дон-дон кєнгєйє Куы нал ысуагътой уєддєр сє дойны. Єз нал фєразын мє зєрдєйы хъыг Мє риуы хєссын, мє риуы дарын. Мє мєгуыр чызгєн йє сєфт бинонтыл Цєссыгкалгєйє мєхицєн зарын.
БАЗЫРАТЫ ТАНЯЙЫ ЗАРЄГ Бєлас куы кала дидинєг, Уєд хурбонтєм бєллы, Уєд єм хъєддзау дєр не ’вналы Тєригъєд ын кєны. Беслєныхъєу... Зындоны арт... Ирон зєххы хъєрзын... Мє зєрдєйы уєззау дурєй Мє уєззау хъыг хєссын. Базыраты фєрныг мыггаг Рєсугъдєй дєу зыдтой, Фырбуцєй-иу дєм хиуєттє ДУДУ» зєгъгє, дзырдтой. Сылгоймаджы рєсугъддзинад Дє алы уєнгєй зынд. Рєсугъд — дє бахудт, де сныхас, Дє конд ємє дє уынд. Кємєн нєй мад, уый сидзєр у, У сидзєр та мєгуыр. Мє зєрдєйы єнкъарддзинад Кємєн ракєнон ныр? Єдзух, мє мад, дєумє тахтєн, Дєумє скъєфтон мє уарзт. Мє цин єнє дєу бамынєг, Мє базыртє дєр — саст. 178
Дє буц хъєбул, дє гыццыл хур Уєззау цєфтєй хуыссы. Уєддєр, Дуду, дєу агуры, «Мє мад кєм и?» — фєрсы. Єрвылбон дєр дєу мысгєйє, Мєхинымєр кєуын. Єнє дєу, охх, мє рєсугъд мад, Цєй тынг зын у цєрын... Мє цардуалдзєджы баззадтє, Мє ныййарєг, мє мад, Єнє дєуєй мын бонєй дєр У талынг ємє ’нкъард. Мє ныййарєг, мє дзєбєх мад, Мє цард ємє мє бон, Мє уды рис, мє сагъєстє Цы зарєгєй зєгъон?
ГОГАТЫ ДИАНЄЙЫ ЗАРЄГ Євєццєгєн, сєхи єгъдау ис азтєн, Єрыгонєй цын бамбарєн дєр нєй. Єндєр дє коммє афтє тынг куыд кастєн, Єндєр куыд уыдтєн афтє хъал дєуєй?! Мє сыгъдєг уд єз бакодтон дє уазєг Ємє мєхи цєй амондджын хуыдтон! Кєм ысты ныр нє цин ємє нє уалдзєг, Нє фєндагыл цємєн нытталынг бон? Єз нал хъуыстон, цы мєм дзырдтай, цы загътай, Єрмєст мєм ихдон урс уылєн хєссы. Ох, афонмє мє мады зєрдє скатай, Мє фыд єнкъардєй сау зєхмє кєсы. Цєй тынг ныссабыр ацы ’хсєв Хєтєлдон, Цємєн нырризы халасы бын хъєд?.. Мє урс разгємттє уалдзєгмє куы ’вєрдтон, Зымєгон цє цємєн ыскодтон уєд? Зєххыл цєй хорз у амондджын уынаффє, Рєсугъд бєллицтє, рухс фєндтєй цєрын. Єз та цєрын нєма райдыдтон, афтє Мє сєфт уалдзєгмє хурагур цєуын... 180
*<^ЄЬ#" БЄЦЄЗАТЫ АСЄХМЄТЫ ЗАРЄГ Арыхъы рагъыл цын сау мигъ хєрисхъєд єхгєны, Ох, єллєх, хєрисхъєд єхгєны, гъей! Асєхмєт бадзуры: «Дєлє сєрсєфєн сау єрхы Ме ’фсєн бєх, мєгуыр, фєдисхъєр куы кєны». Фесєфай, сау мєлєт, уастєн куыд єнєхатыр дє, — Йє гыццыл сабитєй кєй євдєлд мєлынмє? Асєхмєт бадзуры: «Тагъддєр мын фєдзурут мє гыццыл лєппумє, Мє гыццыл Тельмєнмє хєрзєбон зєгъынмє». Хорз хєстєг, хорз къабаз царды хєзнайыл нымадтон, Ох, єллєх, хєзнайыл нымадтон, гъей. Асєхмєт бадзуры: «Хатыр мын бакєнут, Бєройты фєсивєд, Сидзєргєсєй уын ує хойы ныууагътон». Азмадийы суадон бахус цєугєдоны фарсмє, Оххай, гъе, бахус цєугєдоны фарсмє. Асєхмєт афтє бадзуры: «Єз ацы цєфтимє ныр куыд бацєудзынєн Мє уєздан зєронд фыд Алыбеджы размє?» Заманхъулы сєрмє єнусон цаддонєй Куы зынынц єнусон къєйдуртє. Асєхмєт бадзуры: «Мє уарзон хъєубєстє, мєнау ує єдзардєй Мачиуал фесєфєд, мачиуал, мє хуртє». 181
ДЗИУАТЫ СОЛТАНБЕДЖЫ ЗАРЄГ Арыхъы бєрзондєй фєллад хуры цалх Хєхтєм фєтулы. Дзиуаты Солтанбег афтє куы дзуры, Афтє куы дзуры: «Уый хур нєу, ємгєрттє, мє цардуалдзєг у, Фыдбон ыл рахатт. Єнафон арвнєрдау куыд тагъд єрхєццє Мє фєстаг сахат. Уалдзыгон бєласєй-иу сєумєрайсом Урс цєссыг калди. Єнахуыр цєссыгєй мє зєрдє афтє Никуы нынкъард и. Куыд тынг мє фєндыди йє рис єнкъарын, Йє цуры лєууын... Цємєй йє ємбєрстон, мє балцвєндагыл Фєстаг хатт цєуын?.. Акєс-ма, Хайырбег, уєртє нє размє Зонгєйы хуызєн... Фєндаджы былгєрон, уый єнхъєл чи уыд, Удхєссєг уыдзєн. Фыдбылыз февзєрди єнєнхъєлєджы Нє къєхты бынєй. Дунейы рухс ныл сау талынг кєны Зєххы хъєрзынєй. Цы фєдє, Хайырбег, мєхи уды бєрц Цы кєстєры уарзын? 182
Фєлєуу мєм, фєлєуу мєм, єз дє иунєгєй Никєдєм уадзын. Сывєллон-лєппуйы тєригъєддзинад Дуртєм дєр хъары. Дзиуаты Солтанбег уєд йе ’фсымєртєм Афтє куы дзуры: «Хатыр мын бакєнут мє къєйных ныхас, Фєлє ує курын: Мє чысыл сабитє, мє цардємбалмє Ує цєст фєдарут. Єххуысхъуаг уыдзысты, сидзєрхъуаг цє Макуы бауадзут... Тєхуды, нє уєле обауы сєрєй Чи рафєлгєсы, Йє фєллад хєдзармє єхсызгон хабар Уєд чи єрхєссы... Мауал кєс фєндагмє, хъєбул мысгєйє, Мє рыст ныййарєг. Мєнє дєм мє бєсты цъєх уалдзєгимє Єрцыд мє зарєг».
ХЪУЫСАТЫ МУРАТЫ ЗАРЄГ Цардмє бєлгєйє кєй хур аныгуылд, Кєй зынг ахуыссыд йє рагуалдзєджы, Тєхуды, уый ном, тєхуды, уый ном Єнусмє бавєр єнкъард зарєджы. Арыхъы рагъыл — Мысосты фєндаг, Цєгатхуссєрттыл — Сабихы хуымтє. Дє хорз фыдєлты ирон єгъдауєй, Хъуысаты Мурат, цєй рєсугъд уыдтє. Цєй рєсугъд уыдтє зєрдєйыуагєй, Єрхъуыдыдзинад, ирон єфсармєй. Цєй бирє ысты, дє цыбыр царды Ды кєй батавтай дє уды хъармєй. Бєрзонд институт — лєджы лєггєнєг, Уымєй райдыдта дє царды фєндаг. Ацы ран райхєлд дзырдаивады Дє зєрдєйы цин, дє зєрдєйы уаг. Йє курдиатєй уєд чи гом кодта, Уєд чи гом кодта зєрдєйы дуєрттє, Хъуысаты Мурат, дєу мысынц абон, Дєу мысынц абон дє хорз ємгєрттє. Зєрдєйы ныхас зєрдє агуры, — Дє цардуалдзєджы дєу амонд хъуыди. Цымє дє фєдыл єфсєрмыгєнгє Аивєй чи каст, кєй буц чызг уыди? 184
Бєркадджын фєззєг дє цины бонмє Кємєн євєрдтай зынаргъ лєварєн Єрвдидинєгау тємєнтє калгє Єрвхуыз къухдарєн, єрвхуыз къухдарєн? *» #
БУХАРЫ ЗАРЄГ Уалдзєджы фидауц єрвдидинєг у, Фєскъєвда хурбон тємєнтє калы. Лєппуйє хєд-зонд ысуинаг лєг у, Адємы астєу бєрєг фєдары. Дзиойты Бухар, дє хорз хъєубєсты Ирон фарн уыди дє раст ныхєсты. Дєу уыдтой адєм єргом дзургєйє, Дзырдарєхст ємє єргомзєрдєйє. Дзиойты Бухар, Дзиойты Бухар, Ды уыдтє царды цєстуарзон ємгар, Зєрдєйє хъєздыг, зынтєн фєразон, Хъєубєсты — кадджын, мыггагєн — уарзон. Сидзєр лєппу, дам, йє рыст ємбєхсы, Йє сыгъдєг уарзт та дєрдтыл ахєссы. Дє райгуырєн хъєу ды афтє уарзтай, Дє уд ын цыма дє армы хастай. Дє сидзєргєс мад къєсхуыр Мамєла, — Йє хуыд дзабырты дє къах нє фєллад. Дє уєззау уєрдон — гутоны цалхєй, Уєззау суг ластай Арыхъы рагъєй. Дзиойты Бухар, Дзиойты Бухар, Ды уыдтє царды цєстуарзон ємгар, Зєрдєйє хъєздыг, зынтєн фєразон, Хъєубєсты — кадджын, мыггагєн — уарзон. 186
Рєсугъд аивад дє бєллиц уыди, Хєрзамондау ыл дє зєрдє дардтай. Дєу цардвєндагыл рєстдзинад хъуыди, Нє йє ыссардтай, нє йє ыссардтай. Дє царды ємбал дє уды рисєй Нєма ныссєрфта йє уєззау цєссыг, Уєддєр дє фырттє, дє бєрзонд фырттє Бєрзонддєр систой дє номы мєсыг. Нє райгуырєн зєхх, нє Ирыстоны «Бухар-Дон»-ы ад ныр чи нє зоны?! «Бухар-Дон» фынгтыл бєрєг куы дары, «Бухар-Дон» хурмє тємєнтє калы. Цы зєххыл цардтє, цы уынгты цыдтє, Нєудзар хєхты ’хсєн уыцы хъєубєсты Сє уарзондзинад дє бєрзонд фырттє Сызгъєрин хорау тауынц дє бєсты.
ХЪУЫДАКАТЫ МАЙРЄМЫ ЗАРЄГ Мє фыдєлты бєстє — Нєудзархох уєлвєзтє Сє хъармєй фєрєвдыдтой мєн. Уєд иу бон євзонгєй Нє Дурджын Бєрзондєй Єз сау хєсты артмє цыдтєн. Нє ныллєг хєдзар дєр Нынкъард, ємє арв дєр Уыдис цыма мигътєй фєллад. Йє цєссыг ємбєхста, Мєн зєдтыл фєдзєхста Мє зынаргъ, мє ныййарєг мад. Фыдєлтєй нын баззад: Фєдисбоны — раззаг, Фыдызнагєй истам нє маст. Нє цард ма цы уыди, Нє хур ныл ныгуылди, Фєлє та-иу ногєй ыскаст. Сызгъєрин уєд фестай, Уєлахизы рухс май, Дунейыл дє намыс ныхъхъєр! Кєм уазал, кєм стонгєй Мє бирє тыхст бонтє Кєронмє нє фесты уєддєр. 188
Мє хорз фысым тар хъєд Мєн хъахъхъєдта алкєд, Мє хъыг мын ємбєрста, зыдта. Чындздзон чызджы єнгас Цєгатаг бєрз бєлас Мє уєззау хъысмєтыл куыдта. Єцєгєлон бєстєй Мє зєрдє фєлмєстєй Нєхимє, мє сидзєртєм тахт. Куы та-иу мєм дардєй Єрбайхъуыст єнкъардєй Нє ирон, нє фєндыры цагъд. Хуыцауы лєварєй, Нє дзыллєйы фарнєй Мєн иунєг хєрзамонд фєци: Ирон дзырд кєм хъуысы, Уым Иры хъєбысы Єз федтон мє кєстєрты цин. Мєхи уын рєвдауын, Бєтєйы фырттау мын Ныр нал и цєрєнбєстє ам. Мє адзал ємбарын, Уєддєр ма ныззарын, Мє зарєг — хєрзбоны нысан. Нє Иры дзыллєтє, Ує ныфсєй мє зєрдє Ныфсджын уыд, ує фєхъхъау — мє уд. Зєрондєй уа, ногєй Хєрзамонд, єнгомєй Мє фєстє дзєбєхєй цєрут. 189
БЄРОЙТЫ МУРАТЫ ЗАРЄГ Бєрзонд уєларвєй сау къєвда рацыд, Фєндєгтыл акалд ивылгє цаддон. Цєй тынг мєгуыр у, єнамонд балцєй Кємєн нал раздєхт йє буц фєндаггон... Бєройты Мурат, цы лєппу уыдтє! Дє дард фєндагыл — тєссаг фєлдєхєн. Дє сызгъєрин уд, дє кафаг уєнгтє Цєй євгъау ысты ацы сау зєххєн. Дє алы уєнгєй дє алы єгъдау Рєсугъдєй зынди адємы размє. Чи ма лєудзєни фидар цєджындзау Дє зєрдєрыст фыд Сафары фарсмє? Къєсхуыр сылгоймаг — цєссыгєй фєллад, Дє фєстє, Мурат, сау зєхмє кєсы. Цєй мєгуыр разынд дє ныййарєг мад: Зєххы бынмє дын уазалєй тєрсы... Арыхъы рагъ дєм бєрзондєй зынди, Дардмє дє тавта йє фєлмєн хур дєр. Заманхъулєн дын зынаргъ куы уыди Йє алы бєлас, йє алы дур дєр. Цєрынмє, Мурат, бєргє, райгуырдтє, Адзал дєм фєзынд талынг фєндєгтєй, Уєддєр цєй хъєздыг, цєй хъєздыг уыдтє Дє цыбыр царды єрдхорд-ємбєлттєй. 190 б&^
Дє иунєг хъєбул, дє сидзєр чызгєн Нє фаг кєндзєни дє рєвдыд ныхас. Хуссары фахсыл — дыуує суадоны: Дє дыуує хойы єнкъард цєстєнгас. Дє цардємбал та — цардєй фыдєнхъєл, Йє зєрдєрыстєй хур дєр нє уыны, Талынг фєндагыл сау къєвда рацыд, Сау къєвда рацыд... Нєма йє уырны. О, цас нызмєлыд хъыггєнєг адєм! Ує кєрты дуармє — цєссыгєй уарын. Цымє куыд зыдтай уыйбєрц зєрдєтєм, Уыйбєрц зєрдєтєм фєндаг ыссарын?.. Бєрзонд уєларвєй сау къєвда рацыд, Фєндєгтыл акалд ивылгє цаддон. Цєй тынг мєгуыр у, єнамонд балцєй Кємєн нал раздєхт йє буц фєндаггон...
ХЄМЫЦАТЫ ГЕОРГИЙЫ ЗАРЄГ Горєты сєрмє уєззау цаддоны Хуры цалх тулы. Ам Хємыцаты цардхъуаг Георгий Афтє куы дзуры: «Фыдбоны цад мын ме ’взонг къабєзтє Бынмє єлвасы. Мє рєсугъд уалдзєг, мє рухс фєндтє мын Йемє фєласы. Уєлє зєрватыкк, цаддонєй фехъус Мє фєстаг сагъєс. Мє ныййарджытєм дє сау базыртыл Мє хабар ахєсс. Атєх, зєрватыкк, фєдисы тахтєй: Нал дєн мє сєрєн. Толдзгуыны кєрон иу ныллєг хєдзар, — Уый дын нє цєрєн. Къєсєрыл мє мад сау фысы хъуынєй Тєбын єлвисдзєн. Фєлє-иу уымєн мацы ысхъєр кєн,— Йє зєрдє рисдзєн. Уєд та мє фыдєн зєгъис мє хабар,— Фєразондєр у... Фидар, бєргє, уыд, фєлє мын уый дєр Єгєр фєзєронд. Куы нє бабыхса, куы нє бабыхса Хъєбулы мастєн... Йє фєллад уєнгтєн сє тых сєтдзысты Къєвдаджын азтє. 192
Нє рыст хєдзарєн ме ’фсымєр уыдзєн Ныфсы цырагъдар. Уымєн-иу радзур, уымєн-иу ракєн Ме сєфты хабар. Атєх, зєрватыкк, атєх, зєрватыкк, Фєдисы тахтєй. Єнкъард цаддоны хурзєрин атылд Йє судзгє цалхєй. Дардєй єрбазынд цыппар бєлоны Сє пакъуы тонгє. Уый кєд цаддонмє фєдисы стєхынц Мє цыппар хойы?..»
МОРГУАТЫ ХУЫСИНЄЙЫ ЗАРЄГ Ацы хъазуат хєцєны, Ой, тох, сау зєхх дєр куы риссы, Сау зєхх дєр риссы, гъей. Гъей, тох, Хуысинє, дам, афтє бадзуры: «Уый хъєбатыр Сырх Єфсад Знагєй йе стыр маст исы, гъей!» Хур дєр арвы кєрєтты, Акєсут-ма, тугєй куы сахуырст, Тугєй куы сахуырст, гъей. Гъей, тох, Хуысинє, дам, афтє бадзуры: «Гъей, фыдызнаджы нємыг Мє риуы судзгє куы ахызт, гъей. Гъей, мє дунейы рухс мыл, Ой, тох, дард зєххыл батар, Дард зєххыл батар, гъей». Гъей, тох, Хуысинє, дам, афтє бадзуры: «Мє мадєн-иу ма зєгъут Макуы ме сєфты хабар, гъей. Дардмє дєр, мє Ирыстон, Ой, тох, дє фєдзєхст хъуыстон. Дє фєдзєхст хъуыстон, гъей». Ой, тох, Хуысинє афтє бадзуры: «Єз нє бєстєйы размє Мє хєс кадджынєй фыстон, гъей». 194
9 * **щ2&$г* * * КОБЕГКАТЫ АВД ЄФСЫМЄРЫ ЗАРЄГ Єхсєры сєрєй дардмє куы зынди цєргєсты ахстон, Уый ахстон нє уыди, фарны хєдзар уыд — цєргєсты бадєн. Уым Кобегкаты авд сєрєнгуырды — Сабазы фырттє — Рахъомыл ысты, рахъомыл ысты иу сабыр мадєн. Авд єфсымєры — хъєубєсты фидауц, єгъдауєй рєсугъд, Ємгєртты астєу-иу бєрєг куы дардтой сє уєздан кастєй. Фєлє єнафон нє дард арєнтєй фєдис фєцыди, Карз тохмє сидти єфсєддон уадындз фєдисон уастєй. Уєд Кобегкаты авд єфсымєры афтє куы дзурынц: «Нє бєсты сєрвєлтау уєззау тох уыдзєн фыдызнагимє. Нє урссєр хєхтє, райгуырєн зєххєн хєрзбон куы зєгъєм, Хєрзбон, Ирыстон, мах дєм зындзыстєм уєлахизимє. Тыхсгє ма кєнут, нє ныййарєг мад, нє зынаргъ хотє, Єгъатыр єзнєгтєн ує уєззау цєссыг нє ныббардзыстєм. Кєстєрты амонд, хистєрты намыс — махєн хъуыдыйаг, Нє ирон єхсар нын ничи басєтдзєн, хєцгє кєндзыстєм». Сау зєхх ызмєлыд, арвы бєрзєндтєй их-къєвда уарыд, Уєддєр фєрєзта, уєддєр ныфсджын уыд райгуырєн бєстє: Нє хъєбатыртє знаджы фидєрттє сє риутєй састой, Уыдонимє та зєронд Сабазы хєстон цєргєстє. Ныр Кобегкаты авд єфсымєрєн нє Ирыстоны Арвы єрдынау авд рєсугъд хуызєй сє рухс ном баззад. 195
ТАНХЪЛАТЫ ГЕОРГИЙЫ ЗАРЄГ Нє Иры зєхмє фарн амондимє Єрцыд Хуыцауєй. Хистєр нєм буц у, хистєр нєм буц у Кєстєрты ’гъдауєй. Жоркє та махєн нє буц хистєр у, Мє хорз ємгєрттє. Ныр дєр ма риссынц фєллад хєстоны Зєронд хъєдгємттє. Хъєбатыр тєхєг райгуырєн бєстє Цы уарзтєй уарзта! Карз тохы заман ирон лєджы ном Кадджынєй хаста. «Тыхсгє ма кєнут, мє бирє хотє, — Фыста сєхимє, — Єз уєм зындзынєн иу амондджын бон Уєлахизимє». Хъєбатыр тєхєг фидєнмє касти Хуыздєр єнхъєлмє. Йє хєдтєхєгыл сау нємыг сємбєлд Сау хъєды сєрмє. «Хєрзбон, Дидинка, йє рухс фєндтєй дє Дє фырт фєсайдта...» — Судзгє хєдтєхєг сау пиллон калгє Сау зєхмє хаудта. 196
Ныййарєг мадмє афтє бадзурынц Сєркъул, фєлмєстєй, Мєнє дєм, зєгъы, сау хабар ыссыд Судзгє сау хєстєй. Єнкъард хъєубєстє сє хорз кєстєрєн «Рухсаг у» — загътой, Хъєдєй конд цырт ын уєлмєрдты кєрон Хибар ныссагътой. Фєлє адзалєй Жоркєйы амонд Тыхджындєр разынд, Йє царды рухс хур ныгуылєн арвєй Фєстємє разылд. Иу сєумєрайсом фєлмєцыд хєстон Сє кєртмє бахызт. — Гъей, хєдзар! — зєгъгє, тынг зонгє хъєлєс Мидємє байхъуыст. Зонгє хъєлєсмє фондз уарзон хойыл Базыртє базад. Ныййарєг мад та уаты къєсєрыл Сагъдауєй баззад: «Диссаг-ємбисонд, цы хур мыл ракаст Мєнє Джызєлы!» Йєхицєн, зєгъы, йє цины цєссыг Єваст нызгъєлы. Гъе стєй йын загътой, сє рыст зєрдєты Цы хъыг, цы маст и. Жоркє уєлмєрдты афтид ингєнмє Бирє фєкасти... Фєллад хєстон лєг сау зєххы риуєй Йє цырт ысласта, Йє куывды бон єй арты судзынмє Сєхимє ’рхаста. 197
УАРЗЕТЫ КАТАЙ — Мєнє хорз адєм, єз уын ує хєрзтє Нєма бафыстон, Нєма мє равдєлд: мє иунєг фырты Усгур арвыстон. Кєй мын равзардзєн, кєй мын єрхєсдзєн, Куы нє йє зонын. Єнамонд уєвгєйє мє мєгуыр уды Амондджын хонын. Зонгєты єхсєн мє мидбыл худтєй Мє хъыг ємбєхсын. Фєскъєвда дєр ма къєвдайы ’рцыдєй Хъєбулєн тєрсын. Бєлас дымгє бон рудзынгмє ’внєлдта. Къалиуты къєрцмє Мє зєрдє ахауд: кєд, зєгъын, балцєй Артур єрхєццє... Иу єхсєв та мєм мє фыны фєзынд Єнєнхъєлєджы, Цыдєр тагъд кодта, ахуырмє, дам, мын Кєны єрєджы. Фєлєуу-ма, зєгъын, дє мєтєй куы сурс Мє саулагъз дзыкку. Ма тыхс, ам, дам, мын ныр ног ємбал и, — Мєхи ’мгар лєппу. 198
Цалынмє фєаууон, уєдмє йє фєдыл Дисгєнгє кастєн: Куыд тагъд мын айрєзт, куыд атахтысты Сызгъєрин азтє. Оххай, дзєгъєлы мєхи рєвдауын Ныфсы ныхасєй. Сау дур мыл рахауд, сау дур мыл рахауд Сау хохы фахсєй. Хурхєтєн афон мє буц хъєбулыл Рухс дуне батар. Уєддєр, хорз адєм, куы нє мє уырны Єнамонд хабар. Ує уєззау цєссыг, ує бирє хєрзтє Нєма бафыстон. Афтє мєм кєсы, мє иунєг фырты Усгур арвыстон...
ЄРТЄ ЄМБАЛЫ Чермены быдырты фєззыгон раст ауєдз Хурбєрєг куы дары: Уый хоры єрзадыл ерысєй куы кусынц Єртє хорз ємбалы. Иу сыхы лєппутєн, иу сыхы кєстєртєн Цардбєллон — сє фєндтє. Мах ацы быдыртєй сисдзыстєм, куы зєгъынц, Сызгъєрин бєркєдтє. Фєлє ’рцыд ємбисонд: цады был фєндагыл Уєззау мигъ єрбадти. Уєд Телмєн бадзуры: «Фєдис нєм рацєут, — Не ’фсєн бєх фєкалди». Єхсєвмаргъ фестъєлфыд, ныууагъта йє ахстон Сау зєххы хъєрзынєй. Тєхудиаг єрбауа, йє чысыл сабимє Чи бафсєст кєсынєй... Зауырбег куы дзуры: «Уалдзєджы рухс бєллиц Карз зымєг нє хаты. Кєй уындмє бєллыдтєн, цардємбал кєй хуыдтон, Уый баззад куырдуаты». Єхсар та цы зєгъа? Йє иунєг ныййарєг Цы ныфсєй цєрдзєни? Ныры онг — сидзєргєс, абонєй фєстємє Саударєг уыдзєни. Зєрдєрыст мадєлтє фєдисы уайгєйє Сє цєссыг нє сєрфынц. «Нє фєллад хъєбултє, нє фєллад хъєбултє Цы кодтой?» — куы фєрсынц. 200
Быдираг бєлєстєн єхсєвы урс єртєх Фєтагъди сє бынмє. Тєхудиаг ’рбауа, ацы рухс дунейы Чи райгуырд цєрынмє. Дєлє-ма акєсут, фєззыгон раст ауєдз Хурбєрєг куы дары: Уый райгуырєн зєххыл рєсугъд фєд ныууагътой Єртє хорз ємбалы. Єртє хорз ємбалы цы рухс ном ныууагътой Рєсугъдєй сє фєстє, Уый кад ємє радєй фєлтєртєм фєхєсдзєн Чермены хъєубєстє.
2*& Э, т ъ& ^щт^ ХЪАИРТЫ ХЪАЗЫБЕДЖЫ ЗАРЄГ Урсбазыр цєргєс бєрзонд уєлєрвтєй Цєрєнбон куры. Хъаирты лєппу сєрєн Хъайырбег Афтє куы дзуры: «Мє уарзон хъєубєстє, дє райсомтє хорз уой, Дєумє бєллыдтєн, гъей. Ахуыры фєстє дєм мє рєсугъд фєндтимє Кусынмє ’рцыдтєн, гъей. Мє тохвєллад фыд, дє зынтє фесты, Ма тєрс мєгуырєй, гъей. Хур нєм кєсдзєни, фарн нєм цєудзєни Хоры быдырєй, гъей. Єз ацы сау зєххыл цєрынмє райгуырдтєн, Лєг царды ’хсиды, гъей. Хъєубєсты размє ныр мє бирє стыр хєстє Фєллойє фидын, гъей». Фєлє фыдбылыз єнєнхъєлєджы Єваст єрцыдис, гъей. Хъаирты кєртмє сау мигъы къабаз Хур бон єрзынди, гъей. Гъей, мєгуыр ныййарєг, дє уарзон хъєбулыл Рухс дуне батар, гъей. О, чи дєм бадзурдзєн, о, чи дын фєкєндзєн Йє уєззау хабар, гъей? 202
Хъєубєсты єхсєн иумєйаг куысты Чи уыди раззаг, гъей, Уыцы лєппуйы сыгъдєг рєсугъд ном Цєргєйє баззад, гъей. Хъаирты Хъазыбег цы сау зєхх-иу хуыдта Адємы дарєг, гъей, Уый сєрты фєлтєрєй фєлтєртєм тєхдзєни Йє кады зарєг, гъей.
ЗАОЙТЫ ЄХСАРЫ ЗАРЄГ — Цєй, хєрзбон, нє сауайнєг къєдзєхтє Хорзєй баззай, райгуырєн къєсєр! — Хєстмє цыд цєринєгты дзєбєхдєр, Хєстмє цыд мєлинєгты хуыздєр. — Знаг нын исы не ’взонг царды фєндтє, Фєлє знагєн ма радтєм нє бар. — Афтє дзуры йе ’мхєстон ємбєлттєм, Афтє дзуры Заойты Єхсар. Ам, зєгъы, Германы уынгєг хєсты Иу бєллиц єнцой нє уадзы мєн: Искуы ма дє райгуырєн хъєубєсты, Гъей-джиди, ирон зарєг ныккєн. Тохы быдыр — амонды ныгуылєн, Зєрдє дзы ныммєгуыр и, ныттар. Ехх, тєхуды, чи райгуырд цєрынєн, Ехх, тєхуды, Заойты Єхсар. Хъєдгєрон мє цин ємє мє уарзт у, Фарны бынат, цардуалдзєджы хай. Искуы ма йє лєгъз быдыртєм рацу, Искуы ма йє рухс уынгты єруай... Ехх, Аслєнбег, зєрдє та дє мысы, Де ской дєр ныфсы хос у мєнєн. Демє єз нє бинонты хъєбысы Сидзєрєй дєр амондджын уыдтєн. 204
Царды хуртєй бафсєдай мє фєстє, О Ирыстон, ма мє фєкєн рох. Єз куыд тынг, куыд тынг уарзтон мє бєстє, Афтє уыд йє сєрвєлтау мє тох.
НАКУЫСАТЫ ЗЕМФИРЄЙЫ ЗАРЄГ Уєлєрвтєй фєтахти иу євзонг ыстъалы, Тємєнтє калгєйє єрбайсєфти тары. Уый стъалы нє уыди, уый стъалы нє уыди, Уый йє буц ємгєрттєй Земфирє фєхъуыди. Накуысаты ’взонг чызг, цы рад дєм єрхауди, — Зымєгон фєндагыл дє амонд фєкалди. Дє кєстєр єфсымєр, ды бирє кєй уарзтай, Гъе уый дєм куы схєццє фєдисєтты разєй. «Цы кодтай, мє буц хо, цы кодтай?» — куы дзуры, Фыдбоны уєззау цалх хырыз митыл тулы... Дє уарзон ыскъола — де ’мбєлтты хєрзгєнєг, Єнє дєу цєгъддзєни фыдбоны дзєнгєрєг. Дє мады зєрдєйєн риссынєй куы тарстє... Куыд цыбыр уыдысты дє сызгъєрин азтє! Сєрдыгон изєртє... Бєрзонд мєй цъєх арвыл... Дымгє-иу куы скъєфта фєндыры цагъд дардыл, Де ’рыгон зєрдє йєм фырцинєй куы тахти: «Мєнє цард цы хорз у, цы диссаджы цагъд и!» Ємє-иу дєхимє цєй амондджын кастє, Кєрон-иу куы нал уыд дє цинєн, дє уарзтєн. Фєлє йєм дє зєрдє кафынєй нє бафсєст, Дє бєллицты уадындз єрхауд ємє асаст... Цєй мєгуыр дє, сидзєр, йє райгуырєн зєххыл Йє къахвєд йеддємє чи ницы ныууагъта. О, уыцы къахвєдтыл єрвхуыз уалдзєг райа, О, уыцы къахвєдтыл дидинджытє зайа. Тар хъєды сєгуыттєй фєстейы чи баззад, Уый цєф у, мє хуртє, уый бафєллад, бастад. 206
Сау зєхмє кєсгєйє урс цєссыг чи згъала, О, уыцы ныййарєг удєнцой куыд ара. Уый цард дєр нє тавы, хур уымє нє худы, Уый зєхмє єрвиты йє адджын хъєбулы. Уєззау хъыг йє риуы нынкъуысы, ныннєры, Уєддєр ма йєхицєн ныфсытє євєры. Мєнєн, зєгъы, мє чызг ингєнмє нє цєуы, Кєуын ыл, мє хуртє, кєуын ыл нє хъєуы. Єз, зєгъы, хорз адєм, ує хєрзтє куы фидын, Мє гыццыл буц чызджы дард балцы єрвитын. Фєрнєйдзаг хъєубєстєн йє фарн дєр у бирє, Ракєс-ма иунєг хатт, ракєс-ма, Земфирє, Мєнє дын зєрдєрыст дзыллєтє рєдауєй Цы стыр кад ыскодтой сє ирон єгъдауєй...
ДЗГОЙТЫ АРЦУЙЫ ЗАРЄГ Нє райдзаст уынгты куы рацєйцєуын, Куы нє дє фенын ємгєртты єхсєн, Гъе уєд мє зєрдє ныммєгуыр вєййы, Ныммєгуыр вєййы карст хуымы хуызєн. Дзгойты Арцу — єгъдауєй рєсугъд, Дзгойты Арцу — ємгєрттєн уарзон, Тєхуды ємє дєу аккаг ныхас, Дєу аккаг зарєг ныффыссын базон. Єппєтыл хур дєр куы нє феххєссы, Куы нє феххєссы сєрдыгон уарын, Уєд ды куыд зыдтай єппєт зєрдєтєм, Єппєт зєрдєтєм фєндаг ыссарын? Дє цардуалдзєджы цы ном ыскодтай, Цы кад ныууагътай, уый адєм зонынц. Уєлладжыры дє ирон фєсивєд Ємгар нє, фєлє єфсымєр хонынц. Дзгойты Арцу — єгъдауєй рєсугъд, Дзгойты Арцу — ємгєрттєн уарзон, Тєхуды ємє дєу аккаг ныхас, Дєу аккаг зарєг ныффыссын базон. Стыр Заманхъул — дє райгуырєн хъєу, Уым царды хорзєх дє уды бар уыд. Куыстуарзондзинад дє фыдєй райстай, Уєздандзинад та мады лєвар уыд. 208
Мєй джихєй баззад бєрзонд цъєх арвыл, Цєуынц єнкъардєй фєллад изєртє. Ды нын ахастай нє цины бонтє, Ды нын ахастай нє хъєлдзєг зєрдє. Дзгойты Арцу — єгъдауєй рєсугъд, Дзгойты Арцу — ємгєрттєн уарзон, Тєхуды ємє дєу аккаг ныхас, Дєу аккаг зарєг ныффыссын базон. *%$фф?
ГАЙТЫ АКИМЫ ЗАРЄГ Єрджынарєджы хурныгуылєн фахсмє Дзылаты мєсыг ацы ’хсєв кєлдзєн. Фєлєуу, Аким, фєлєуу, Аким: дє размє Фыдбылыз бамбєхст сау сынты хуызєн. Уєд Гайты Аким афтє, дам, куы дзуры, Уєд Гайты Аким афтє, дам, зєгъы: «Фыдбоны цалх єнцондєрєй фєтулы, Фыдохы уац єнафоны тєхы. Тыхгєнджытє цєй єгъатыр уыдысты, — Єгады цард нє равзєрстон уєддєр. Ємє хъєбатыр Акимау єрмхєсты Лєгау амєлын базыдтон єз дєр. Фыдбылыз-иу мє фарсмє цыд, мєн уарзта. Фєлє мын ды цєй мєгуыр дє, мє мад. Мєнєн мє цард цы судзгє нємыг байста, Дєуєн та уый дє зєрдєйыл ысуад. Тєхудиаг, цы хорз кєстєр єрлєууы Йє фыды фарсмє, адєммє єнгом. Нє ирон зєххєн балєггад кєм хъєуы, Уым чи ныууагъта кадджынєй йє ном!» 210
ХАСИТЫ АЛИЧЧЫ ЗАРЄГ Нє ирон аивад Нє райгуырєн зєххыл бєрзонд чи хаста, гъей, Уыцы хорз ємгарєн Йє рухс ном нє Иры цєргєйє баззад, гъей. Хаситы хорз Алик, Йє цардбєллон зєрдє арвыл кємєн тахт, гъей, Уый ахєм лєппу уыд, — Фєндыры цагъдмє-иу йє къах нє фєллад, гъей. Йє фезмєлд, йє кафтмє Иры фєрныг дзыллє цингєнгє касти, гъей. Уый алы бєстєты Нє уарзон Ирыстон кадджындєр кодта, гъей. Ацы хатт, ныййарєг, Дє кафаг буц хъєбул дард балцы ацыд, гъей. Єнхъєлмє кєсгєйє Мєнє дє кєрты дуар гомєй куы баззад, гъей, Хаситы хорз Алик, Цєй мєгуыр уыдзысты де ’ртє буц хойы, гъей. Де ’мгєрттєн сє фєдыл Єфсымєр мысгєйє джихкаст чи кєдзєн, гъей. Фєндыры цагъдмє-иу Ды кафгє нє, фєлє цєргєсау тахтє, гъей. Цєргєс та йє мєлєт Тєхгєйє ыссары, тєхгєйє, мє хур, гъей. 211
ЕСЕРЫХЪУАТЫ БАРИСЫ ЗАРЄГ Хъєбулы цєрайє єдзухдєр чи цєры, Уый мады зєрдє у, уый мад у, мє хуртє. Акєс-ма, Фатимкє, дє иунєг сидзєры Фыццаг хатт фєсайдта йє уайаг хєдтулгє. Амондджын єнхъєлєй єнамонд разындтє, Кєй ныфсєй цєрдзынє, уый — не стыр хъєубєстє, Далє дєм ыссєуынц фєдисон уазджытє, Фєдисон уазджытє сє цєссыг ємбєхсгє. Фєззыгон фєллад хур ныгуылєнмє тулы, Кєд размє цєугєйє фєстємє фєлгєсы. Есерыхъуаты цєрынхъуаг хорз Барис Уєд афтє куы зєгъы, уєд афтє куы дзуры: «Ацы стыр фєндагыл, ацы стыр фєндагыл, Тєхуды, йє мадмє хорз хабар чи хєссы. Райгуырєн хъєубєсты цєрынєй чи бафсєст, Хистєртєн — арфєйаг, кєстєртєн — уарзонєй. Хъысмєтєй нєй лидзєн: адзалыл фембєлдтєн, — Мє цуры єрлєууыд, уєддєр єй нє уыдтон... Сидзєры цардуалдзєг цыбыр у, ме ’мгєрттє, Єз та йє не ’мбєрстон, єз та йє нє зыдтон. Мє мады фыдєбон, йє бирє дзєбєхтє, — Уєд Борик куы загъта, — нє ферох кєндзынєн, — Мє зынаргъ Заманхъул, мє фєрныг хъєубєстєн Йє цин уа, йє хъыджы йє уєлхъус лєудзынєн». 212
Уалдзыгон иу бєлас куыд єнамонд разынд: Къєвда йыл єрбацыд, ихсастєй лєууыди. Есерыхъуаты цєрынхъуаг хорз Барис Йє уарзон ємгєрттєй єнафон фєхъуыди. .•
СЛАНТЫ ЄФСЫМЄРТЫ ЗАРЄГ Нє уарзон Ирыстон, лєгєвзарєн бонты Цєй диссаг, цєй фидар уыдтє! Сау хъулгъаимє ирон зєххыл тохмє Куы бырстой дє хуыздєр фырттє. Хъєбатырты разєй — Сланты лєппутє. Сє фезмєлд уыд тохы бон арт. «Нє зынаргъ, нє уарзон Ирыстоны тыххєй Мах ратдзыстєм, — загътой, — нє цард». Сєгеты Таймураз уєд афтє куы дзуры: «Єгад цард — мєлєтєй фыддєр. Нє ирон хєсты уын, Сланты лєппутє, Єфсымєр уыдзынєн єз дєр». Нє номдзыд фыдєлтєй Ирыстонєн баззад Лєгдзинад, єхсар ємє зонд. Сланты єфсымєртє знєгтимє тохы Ирон намыс систой бєрзонд. 214
ЦОРЄТЫ ХЪАМБОЛАТЫ ЗАРЄГ Зєрины айнєг — сау мигъты бадєн, Митємбєрзт хєхтыл дєрдты фєлгєсы. Хъамболат, зєгъынц, афтє бадзуры: «Ракєс-ма, мє мад, ракєс мє фєдыл, Дє хистєр лєппу цуаны куы цєуы Єфсатимє лєвєрдтє курєг. Цы джихтє кєныс, єнкъард цємєн дє? Мє ныййарєг мад, зєгъ мын фєндараст... Фыдбоны хохєй гєрах фєцыди, Къєдзєх ныррызти, йє тигъ єркалди. Гъей, мєгуыр дє бон, мє ныййарєг мад, Кєд афтє ’нхъєлыс, сєгуыттє марын. Гъей, мєгуыр дє бон, мє ныййарєг мад, Кєд афтє ’нхъєлыс, дзєбидыр фехстон. Уый, мє бон, мє фєстаг сахат Адзалы фєдис, адзалы хъєр у. Уый, мє бон, мє фєстаг сонт хъєр Кємтты ныййазєлд, хєхты ныдздзєгъєл. Уый, мє бон, судзгє сау нємыг Мє риуыл сємбєлд, мє риуы ахызт. Урс миты сєр мыл сау изєр баци, Урс миты сєр мыл дуне єрталынг. Мє хорз ємгєрттє, мє хорз хъєубєстє, Уєхи цы ’фхєрут ує цєстысыгєй? Ацы дунейыл мє хъысмєт конд уыд, Адзалєн та, дам, мадзал нє вєййы. Цєуын мє хъуыдис фыдбоны хохмє Мє удхєссєг мєм єнхъєлмє касти». 215
КЄСЄБИТЫ МИТЯЙЫ ЗАРЄГ Єрттивынц хєхты митсєртє Сєууон хуры тынтєй. Нє буцдаринаг хистєртє, Фєрнєй цєрат, фєрнєй. Махєн нє цард кєм єхсиды, Нє цин кєм и, нє рис, Гъе уым, Митя Кєсєбиты, Дє уды фарн дєр ис. Ды хистєрты ємбаргєйє Уєздан кєстєр уыдтє. Ды сау хєстмє дєр заргєйє Ємгєрттимє цыдтє. Уєлахизыл єууєндгєйє Дє цин уыд Ирыл баст. Ирон зарєг дє зєрдєйє Сызгъєрин хурау каст. Нє Ирыстон у рагєй дєр Нє ныййарєг, нє мад. Фєллой ємє йын зарєгєй Фєкодтай ды лєггад. Ирон зєххыл ирон єгъдау Куы фєцуды єгєр, Дє зарєг уым єрвнєрєгау Ныццєлхъ кєныс ныр дєр. 216
Цы хур ныккаст Хуымєллєгыл? Цємєй ныррухс и цард? Кєсєбиты нєртон лєгыл — Нє цин ємє нє зард. "ЙЗ^^
ЗЫХЪУАТЫ ФЄЛЛАД БЄЛЦЦОН Ой, Арвы комы цын, ай та цы диссаг у, — Єнаууон нарджытє. Хъырым, дам, бадзуры: «Акєс-ма, ме ’фсымєр, Уєртє нєм єрбацєуынц єнамонд барджытє». Хосдзауты фєндаг цын Хъєрмєдоны сєрєй Хъєнийыл єрцыди. Къола, дам, бадзуры: «Ма цє тєрс, Хъырым, бєлццєтты бафхєрын Худинаг куы уыди». . Бєлццоны бафхєрєг єндєр хорз ма ссарєд, — Кєсут-ма уєхимє! Ахъмазы быдыры Зыхъуаты єфсымєртыл уєззау тох бацайдагъ Тыхгєнєг сырдтимє. Майрємыхъєумє бєрзондєй фєлгєсынц Хынцєджы фыййєуттє. Къола, дам, бадзуры: «Мє мад, мє фыдыстєн, мах нє ратдзыстєм Ахмєты фєллєйттє». Арыхъы рагъыл цын Фєдисон єфсургъ — кєндтыты хєтєг. Хъырым, дам, бадзуры: «Нє мєгуыр ныййарєг Зєли нын куы фєци Цєстытыл хєцєг». 218
Гєналы урс суадон арф комы хъєлєсы Цєугєйє бастад. Къола, дам, бадзуры: «Мє бары хай Цена уєлє сау хєхты астєу Кєугєйє баззад». Елхоты сєрмє цын Дурджын комы — Хъєрємысы нарєг. Зыхъуаты фєллад єфсымєртє Уєлєуыл ныууагътой, уєлєуыл, мє хуртє, Сє намысы зарєг.
СОСКИТЫ ТОТРАДЗЫ ЗАРЄГ Хуссары фахсыл тар хъєд нызмєлыд Єд тулдз бєлєстє. Цєй тынг мєгуыр у, чи нал фендзєни Йє Фыдыбєстє. Цымє Уєлєрвтєй тєхгє ыстъалы Цы хорзєх куры? Соскиты Тотрадз уєд афтє зєгъы, Афтє бадзуры: «Єз дард бєстєты ирон лєджы ном Кадимє хастон. Уєддєр мє зєрдыл Ирыстон лєууыд, Ирыстон уарзтон. Хъєууон фєндєгтє куыд зынаргъ ысты, Нє цыл фєлладтєн. Мє фынты дєр-иу Сырх Дыгур уыдтон, — Нєхимє уадтєн. Нє кєрты дуармє дыуує бєласы Дєрдты фєлгєсынц. Уый кєд ме ’рцыдмє мє дыуує хойы Єнхъєлмє кєсынц. Кєд-иу цє, мыййаг, фаг не сбуц кодтон Мє уды хъармєй. Нє мє равдєлди, нє мє равдєлди, Ме ’фсєддон цардєй». 220
Єрыгон цєргєс йє хурахстонмє Бєлоны суры. Соскиты Тотрадз — намысджын булкъон, Афтє бадзуры: «Мєнє мын, зєгъы, Дунесфєлдисєг Цы хорзєх радта: Мє иунєг Сослан, мє усгур лєппу Амонд ыссардта. Ме стыр циндзинад уєд худгє хурау Мє риуы царди. Чындзхонты зарын фєндырдзагъдимє Мє хъустыл уади. Куыд хєстєг уыдтє, мє рєсугъд бєллиц, Чындзєхсєвы бон. Гъе фєлє райсом, райсом цы уыдзєн, Цємєй йє зыдтон. Мє дыуує чызджы єнкъард цєстєнгас Єз мемє хєссын. Мє иунєг лєппу, мє цардємбалмє Фєстємє кєсын. Хуссары фахсыл тар хъєд нызмєлыд Єд тулдз бєлєстє. Хєрзбон, мє буц хъєу, хєрзбон, Ирыстон, Мє Фыдыбєстє».
ЧЕДЖЕМТЫ ГЫЦЦЫЛ ЗЕЛИМЫ ЗАРЄГ Сабитє цингєнгє ног рєсугъд дарєсы... Ахуырмє чи кодта тагъд, Уыдон цємєй зыдтой, скъоламє удхєссєг Ноджыдєр раздєр єртахт. Хурыскєсєнєй хураууон разынди, Сагъєс нє зєрдєты смал. Бирєгъты хъоргъєй нєм сау мєлєт разынди, Нал аирвєздзыстєм, нал. Сабитє, сабитє, зєххєй уєларв бєстєм, Фехъуыст ує фєдисы хъєр. Зєххыл єрфєд кодтой сауцєссыг уарынтє, Арв дєр ныннєрыд кємдєр. О мє буц хъєбул, цєй єнамонд разындтє, Зєрдєйы басыгъта мєт. Дон-дон кєнгєйє мын сау зєхмє ацыдтє, Дон ма куыд баназон уєд? Мєнє дє чингуытє, о Зелим, о мє бон, Сидзєр-єнкъардєй кєсынц. «Кєртєй йє ныхас, йє худын куыд нал хъуысы?^ Раст цыма афтє фєрсынц. Кєрты нє зазбєлас дымгєйы базмєлдєй Згъалы йє цєссыг єргом. Чи ма йє срухс кєндзєн ногбоны хъазєнтєй, Ног аз — дє райгуырєн бон? 222
Мадєй йє буц хъєбул, оххай, куы фєцух уа, Сонт зєрдє фесты уєд дур. Баззади хєдзары къулыл дє сырх цухъхъа, Зєрдємє нал кєсы хур. Фєндыры цагъдмє-иу кафгє куы рахызтє, Аргъєутты лєппуйау раст. Де стыр цєстытєй-иу худгє куы ракастє, Хур-иу мє зєрдємє каст. Иу бынат зєрдє йєхицєн куы нал ары, Райсомы бонєй тєрсы. Мєнє дє гыццыл хо ацы стыр хєдзары Джихєй дє къаммє кєсы. Агурын, агурын кєрты дє къахфєдтє. Нал ысты уыдон дєр, нал... Цас уыд дє зєрдєйы, ох, Зелим, рухс фєндтє! Аскъуыд дє рухс фєндты хал... Ох, Зелим, аскъуыд дє рухс фєндты хал...
^.^гслД^^^^^^ШЄР^^г:^ лЛ а . ГАЛУАТЫ СОСЛАНЫ ЗАРЄГ Хєдзары амонд, хєдзары фидауц — Йє хорз кєстєртє. Бирє чи уарзта йє райгуырєн зєхх, Кєй рєсугъд зєрдє. Мєнєуы зад хуым цєй тынг нызмєлыд Єрвнєрын афон. Уєд чи тагъд кодта йє Фарныхъєумє, Кєй буц фєндаггон? Галуаты Сослан, Галуаты Сослан Афтє бадзуры: — Єз фыны федтон мє развєндагыл Ныгуылгє хуры. Єнхъєлдєн ємє балцы цєудзынєн... Єнкъардєй ма кєс, Марадз-ма, мє хо, мє урс хєдон мын Мє уатєй рахєсс. Амондджын чи у, уый тархъєды дєр Хєрзамонд ары. Нє кєрты дуармє курага бєлас Дидинєг калы. Уый уалдзєг єрцыд, фєлє мє номыл Чындзєхсєвы рад Ныр нал єрцєудзєн, ныр нал єрцєудзєн, Мє ныййарєг мад. 224
Мє царды фєндаг хъысмєтєй нывгонд Цєй цыбыр уыди. Ныббар мын, мє фыд, мєн алырдєм дєр Тагъд кєнын хъуыди. Тагъд кєнын хъуыди ме ’мгєртты астєу Рєсугъд цєрынмє. Нє Фарныхъєуы нє буц хистєртєн Єгъдау дєттынмє. Ирон фєндырдзагъд ме ’рыгон зєрдє Цы уарзтєй уарзта. Мє уды цин мын йє рєсугъд зєлтыл Уєлєрвтєм хаста. — Галуаты Сослан, Галуаты Сослан Афтє бадзуры: — Ацы єнкъард бон мє тагъд машинє Цєй сабыр тулы? О ме ’фсымєртє, хєрзєбон та уын Цєуылнє загътон? Єз уын мє фєстє цєссыгєй дарддєр Ницы ныууагътон. Мє иунєг буц хо — ысуинаг дохтыр, Дє кусєн уаты, Тєхуды, ємє дєу чи уындзєни Дє урс халаты. О, ма ку, мє мад, ацы сау зєххєн Йє хъарм хъєбысы Мє уєззау цєфтє, мє уєззау цєфтє Ысдзєбєх ысты. Дє фєндыры цагъд йє сау ингєнмє Уєд чи фємысы. Къахы уєлфадмє цы зєл нє хъуысы, Уый мєрдтєм хъуысы. 15 3аказ№1358 225
Ацєгъд мын, ацєгъд, мє ныййарєг мад, Дє сау фєндырєй. Єз дєм хъусдзынєн уєлмєрдты кєрон Єдзєм быдырєй. Дє фєндырдзагъдмє мє фєллад зєрдє Удєнцой ардзєн. Нє кєрты дуармє курага бєлас Дидинєг калдзєн. %$фф
ДОЙАТЫ ЗЄЛИНЄЙЫ ЗАРЄГ Бєрзонд урс цъити, афтє мєм касти, Ды хєхты мад дє. Дє фєтєн риуы уєд цавєр маст и, Куыд тагъд єртадтє? Цєй тынг мєгуыр у, чындзыты рєгъы Йєхи уєлартєй Йє хорз сыхбєстєн хєрзбон чи зєгъы Бынтон єдзардєй. Баба мын цєра, ма лєуу єрхуымєй, Дзєбєх-ма ракєс. Єз дын фєсурон ирон фєндырєй Дє мєт, дє сагъєс. Фарн ємє амонд хистєртєй цєуынц Нє ирон царды. Цєй тєхудиаг у, фаг чи сбуц кодта Ныййарєг мады. Фєцух мє зєрдє йє рєсугъд фєндтєй, — Мє хъысмєт зыдтон. Єз ацы цагъды єрхєндєг зєлтєй Мє катай дзырдтон. Уєд ме ’фсымєртє джихтє кєнгєйє Зєхмє куы кєсынц. Сау хъыг цыл уардзєн, сау хъыг, ємє йє Мєнєй ємбєхсынц. 227
Мє царды ємбал, зын дын уыдзєни Царды уаргъ хєссын. Фидар мын лєууай: не ’ртє сидзєры Дєуыл фєдзєхсын. Єз-иу дє цуры мє уєззау сагъєс Фєндырєй цагътон, Фєлє зєрдєйы хъєдгом куыд риссы, Уый дын нє загътон. Мє хистєр хойєн єз амонд куырдтон Сызгъєрин азтєй, Уєд ирон къахдзєф цємєн акодтон Мє хойы разєй? Кєд мє мє хъєбул гыццыл Дзамболат Єдзух фємысы? Йє сидзєр бонтє кєм айрох кєны, Кєй хъарм хъєбысы? Ды та, мє буц чызг, макуы ферох кєн Дє фєллад мады. Акєн-иу, акєн, ацы рєсугъд цагъд Мє єнкъард уаты. Мє уєззау цєссыг, мє рыст ємбарєг, Рустыл єрхъуызы. Ныккєнут-иу мын мє сусєг хъарєг Зарєджы хуызы...
БЫГЪДАТЫ МЄСЫГ Нє Иры зєххы йє номы мєсыг Уый чи ныууагъта афтє бєрзондєй? Быгъдаты Алик — зєрдєйє хъєздыг, Адємєн уарзон йє сабыр зондєй. Кєстєртєн чи уыд фєндагамонєг, Чи сє рєвдыдта йє уды хъармєй? Быгъдаты Алик — рєсугъд ирон лєг, Рєсугъд ирон лєг — фыдєлты фарнєй. Ємбалы хорзєх ємбєлттє фидынц, Ныхасы хорзєх зєрдє агуры. Быгъдаты Алик — мыггаджы фидыц, Афтє куы зєгъы, афтє куы дзуры: «Уєларвбєстєйє сєлфынєг хєссы, Сєлфынєгимє — зєрдєйы хъыгтє. Цєй уєззау ысты, цєй риссаг ысты Мє иунєг хойы ыставд цєссыгтє. Мєрдты фєлмєн хур мє сєрмє лєууы Зымєгон арвы єнкъард хъєбысы. Цєуын мє хъєуы, цєуын мє хъєуы, — Мє фєллад зєрдє Чермены мысы. Лєджы цард уєдє куыд нє у диссаг! Мє мадызєнєг ма размє рацыд. Хъазыбег, оххай, мє уды риссаг, Нє фєндаг баиу єнусы балцы». 229
Нє Иры зєххыл йє номы мєсыг Уый чи ныууагъта афтє бєрзондєй? Быгъдаты Алик — зєрдєйє хъєздыг, Адємєн уарзон йє сабыр зондєй. Цєргєсєн йє бон куы нал у тєхын, Зєххєй арвы ’хсєн — йє талынг арєн. Уєдє цєй зын у хєрзєбон зєгъын Хъєубєсты фидауц уарзон ємгарєн.
СИДАХЪАТЫ АЛЬБЕРТЫ ЗАРЄГ Уалдзыгон бєлас хурварсмє тасы, Йє рєсугъд бєллиц — зєрин сєуєхсид. Йє ирон адєм бирє чи уарзы, Уый-иу, тєхуды, бирє куы цєрид. О Альберт, Альберт,Сидахъаты ’хсєн Ды хуры цєстау бєрєг куы дардтай. Нє ирон намыс, нє Иры ныфсєн Єгъдауыл цєрын кадыл нымадтай. Фєлє фыдызнаг єваст фєзынди, Адємы хєрзтєн сє туг куы нызта... Бєрзонд Лєгтыдзуар... Цымє кєм уыди, Зєрдєты фєдис куыннє фехъуыста? Хъєддаг лєгсырдтыл Хуыцау куы рахатт, Дє хурвєндагыл адзал куы лєууыд, Гъе уєд дє, цымє, дє фєстаг сахат Кєй фенын фєндыд, кєй фенын фєндыд? Кєд уыцы сау бон дє цєстытыл уад Цєссыгвєлладєй дє ныййарєг мад? Дє сабыр фыд та сау зєхмє ныккаст, Сау уєззау дурау — йє зєрдєйы маст. Давид, Георгий — дє гыццыл хуртє, Хєдзары фидауц, адджын хъєбултє. Сє фєлмєн мад цєм єнкъардєй кєсы, Дє сыгъдєг ном дын сыгъдєгєй хєссы. 231
Андиаты Мишє дє зєрдє зыдта, Сиахсы бєсты дє єфсымєр хуыдта. Дє фенынмє дын куынєуал хъєцыд, Уєд дєм йєхєдєг мєрдтєм куы фєцыд. Нє уыди, Альберт, дєхицєй хуыздєр, Єгъдау радтынмє рєсугъддєр кєстєр. Дє цєстєнгасєй дє зєрдє зынди, Дє уєздан бахудт цєй зынаргъ уыди. Ыстъалыйау уыд дє сызгъєрин уарзт, Ферттывта ємє єрбайсєфт єваст. Цы фарн дєм уыди, цы рєсугъд зєрдє, Уєлдєр сисдзысты уый де ’фсымєртє. Уалдзыгон бєлас хурварсмє тасы, Йє рєсугъд бєллиц — зєрин сєуєхсид. Йє ирон адєм бирє чи уарзы, Уый-иу, тєхуды, бирє куы цєрид.
ЄЗ ДЄ РАЗДЄХЫНМЄ КАСТЄН Лрын дзы Уруймєгты Сосланы ном. Фєззєг хуруадындзєй цагъта, Зєхх уыд царды цинтєй дзаг. Лєппу уарзон чызгєн загъта: «Ратт мын хєдзармє фєндаг». Чызг, цємєн, зєгъгє, ныххудтис. «Ау, нє йє зоныс, цємєн? — Арвыл иу сызгъєрин хур ис, Ды дєр афтє иу — мєнєн». Ємє уарзєттє уєнгрогєй, Диссаг, нал зыдтой фєллад. Лєппу райгуырд цыма ногєй, Чызгыл базыртє єрзад. Фєлє амондєн ис байсєн, Фєлє цард дєр нєу єххєст. Хъулгъа иу фыдбоны райсом Расидт се ’намондєн хєст. Систой урс хєхтє сє худтє, Рабадт сау айнєг къєдзєх: «Єтт, Ирыстоны лєппутє, Знагєн ма радтут ує зєхх!» Лєппу сонт рєстєджы ахаст Уєд куыннє зыдта хуыздєр. Чызджы сау цєстытєм бакаст Ємє бахудти уєддєр. 233
Загъта ’нкъард зєрдєйы уагєй: «Рох нє фєуыдзєн мє уарзт, Єз мє ирон зєххы знагєй Хъуамє райсон уал мє маст. Зон єй, у мє фєндон фидар, Ахєм равзєрстон хъысмєт. Кєнє цард ємє сєрибар, Кєнє карз тохы — мєлєт!» О, цєй рухс уыдтє дє уарзтєй, Ды, Ирыстоны хъєбул. Цыма сау къєдзєхыл бастєй Зєрдє сау мєтєй ныддур. Єз дє раздєхынмє кастєн, Фєлє бабын уа ызнаг, Уый дє рєсугъд зєрдє байста, Ємє нал зоныс фєндаг. Ехх, хєрзаг та афтє дзурис Хъазгє-худгєйє фєлмєн: «Арвыл иу сызгъєрин хур ис, Ды дєр афтє иу — мєнєн.»
МЕЦЪАТЫ МАРКЫ ЗАРЄГ Йє зєрдєйы бынєй йє бєстє чи уарзта, Цєргєсау йє базыртє дардыл чи хаста, Сєрыстыр чи уыди йє уарзон ємбєлттєй, Єхсарджын лєппутє, єфсымєр-єрдхєрдтєй, Уый Мецъаты Марк уыд — хъєбатыр дєлбулкъон, Єваст кєуыл батар йє уалдзыгон хур бон. Ємкусєг ємбєлттєн — сє фидауц, сє раззаг, Дє цардуарзон сурєт сє зєрдєты баззад. Дє фидар ємбєлттєн ды цыдтє сє разєй, Хъару цын лєвєрдтай дє домбай ныхасєй. Мецъаты дєлбулкъон, дє цєуєн фєндєгтє Єрєхгєдтой иу бон єгъатыр ызнєгтє. Фыдгулы сау нємыг дє риуы куы хызти, Уєд Сау хох нызмєлыд, уєд Урс хох ныррызти. Дє мадмє та арвєй хур нал зынди, нал каст, Дє фыды зєрдєйы цєрыны ныфс асаст. Ехх, цард ємє амонд кєд сургєйє не сты, Дє уидаг нє бахус, дє бонтє нє фесты. Дє єнкъард хєдзары ис цины єнгєстє: Дє худгє гыццыл хур фєзынди дє фєстє... 235
Йє зєрдєйы бынєй йє бєстє чи уарзта, Цєргєсау йє базыртє дардыл чи хаста, Уый Мецъаты Марк уыд — хъєбатыр дєлбулкъон, Єваст кєуыл батар йє уалдзыгон хур бон. Уый Мецъаты Марк уыд, нє зєрдыл лєудзєни, Йє номы зарєджы мыггагмє цєрдзєни.
ХЪУЫСАТЫ ПЕТРОЙЫ ЗАРЄГ — Акєсут-ма Арыхъы рагъєй: Хъуысаты Петро никєцєй зыны? Гъєй, кєннодє макуал фєзынай, Дє дзыхыдзагєй макуал ныххудай, Дє риуы арфєй макуал сулєфай, Цєрынхъуагєй дыл цы сайд єрцыди. Хъуысаты Петро афтє бадзуры: — Мєнєн Бисолтан куы ницы кодта, Мєнєн мє туджджын ме схєссєг фыд у, Уый мє арвыста йє масты фєдыл. Єллєх, ме ’фсымєр, цы мын бакуыстай? Єз дєм марынмє куы нє бацыдтєн. Єз уыцы райсом мє фыды ныхас Єххєст куы кодтон... Фєсмон фєкєнай, мє ныййарєг мад, Ацы ’намондєй мєнгард дунемє Мєн чи рауагъта. — Єхсєры сєрмє уазал єрзылди, Хъуысаты Петро афтє бадзуры: — Єфсымєры нємыгєй м ’адзал єрцыди. Мє зараг хъєлєс тугєй куы байдзаг, Мє нарєг астєу мє фєтєн ронєй Єлвєстєй баззад. — Дурджыны тигъыл хосгєрдєг нал и, Хъуысаты Петро афтє бадзуры: — Мє уєззау цєфєн хосгєнєн нал и. — Єхсєры пуцал бєласыл баззад. Хъуысаты Петро афтє бадзуры: — Мє сусєг уарзон далє Елхоты 237
Куырдуаты баззад. Нє бацєудзынєн мє сау ингєнмє Єнє мє уарзон Духаны фенгє. Акєсут-ма, далє стыр уынджы Кєд єппын ємє Сєлбиты хъал чызг Мєнмє ыссєуы... — Сєлбиты Духан афтє бафєрсы: — Асєхмєт, цєра, Петро кєм ис? — Асєхмєт джихєй зєхмє ныккєсы: — Нє зонын, нє зонын, куыд дын єй зєгъон, Єнхъєл дєн ємє Хъуысаты лєппу Дє уындмє бєлгєйє Сау ингєнмє Єфсымєры нємыгєй єцєг фєцєуы...
ТОТЫККАТЫ МУССЄЙЫ ЗАРЄГ Ме ’намонд ыскєнєг, дє арв дыл ыскєуа, Мє ныфс мын куы байстай. Єрдхєрєн уалдзєджы мє развєд нал уынын Мє зєрдєйы мастєй. Мє сусєг уарзонєй мєхи ныббуц кодтон, Бєрзонд дзы хастон мє сєр. Адємєн сє рухс хур, хєхтєй-иу куы фєаууон, Махыл-иу касти уєддєр. Нє сыгъдєг уарзты кой дардыл куы айхъуысти, Куы загътай: «Разы дєн». Афтє мын, охх-єллєх, стъалыйау астъєлфтє Адємєй хъауджыдєр. Беслєныхъєуєн, дам, сє зыны сахат дєр Сє депо — сє дарєг. Фатъимєт бадзуры: «Мє мадызєнєгєн Йє ливор — мє марєг». Зєхх дєр ма, Фатъимєт, дє уды тєригъєдєй Нынкъуысы, нызмєлы. Дє рєсугъд цєсгомыл дє нарєг сау ингєн Къуыбаргай ызгъєлы. Мєрдтєм фєцєудзынєн, дєу агур зилдзынєн, Мє амонд — мє мєлєт. Абонєй фєстємє сусєг уарзон дєр Мачиуал ыскєнєд! 239
ДЗУЦЦАТЫ ДЗИГОЙЫ ЗАРЄГ Хъєдгєроны фєсивєд куы ’рбамбырд сты, Дзуццаты Дзигомє афтє бадзурынц: «Цєй-ма, Дзиго, єддємє ракєс, Цєуєм Мєздєгмє мєнєу ласынмє». Уєд, дам, цєм Дзиго куы рахъєр кєны: «Афтє фєлєуут, мє хорз ємгєрттє, Єз ма мє мадєн хєрзбонтє зєгъон». Мады зєрдє зонаг фєхонынц,— Батыхст, мєгуырєг, бакатай кодта. «Цєй-ма, нана, тыхсгє мын ма кєн, Цєуын Мєздєгмє мєнєу ласынмє, Фен мын фєндагмє нартхоры кєрдзын». Арєвдз кодта нана йє фырты: «Фєндараст, мє хур, дзєбєхєй сыздєх». Хъєлдзєг фєсивєд Быраны былмє, Быраны былмє ныхєццє вєййынц. Ємгєрттєй чидєр афтє бадзуры: «Чи баленк кєна Терчы фалемє, Уымєн ратдзынєн сызгъєрин иу сом». Гъе уєд єм Дзиго афтє куы дзуры: «Ує, уайых фєуай, сомєй цы кєнын? Лєгдзинады тыххєй баленк кєндзынєн». Йєхєдєг, зєгъы, Быраны былєй Йєхи нывзылдта абухгє донмє. Фурды астєумє бєргє бахєццє, Фєлє уым дарддєр йє бон куы нал уыд. Дзиго ма, мєгуыр, куы ныхъхъєр кодта: «Єллєх, ме ’мгєрттє, єнхъєлдєн, сєфын. Єруадзут-ма мєм мєцъы бєндєнтє». 240
Єруагътой йєм мєцъы бєндєнтє, Фєлє йын уый дєр куы ницуал баххуыс. Йе ’мбєлттєн Дзиго афтє фєдзєхста: «Куы ссєуат хъєумє, мад ує фєрсдзєни: «Кєм ис мє бєлццон, Дзиго цы фєци?» Зєгъут-иу, дєлє ыстыр Куырттатєм, Ыстыр Куырттатєм йє хомє фездєхт. Фєлє уын ууыл куы нє баууєнда, Уєд-иу ын зєгъут: фєстейы ссєуы. Ууыл дєр та ує куынє ныууадза, Уєд-иу ын зєгъут: дон єй фєласы. Єллєх, єллєх, мєлын цєй зын у! О, ма байрайат ує иунєг сомєй! Мєнєн мє уарзон куырдуаты баззад, Чи йєм фєуыдзєн сусєг хъєргєнєг? Гъей, мє бон, нырєй фєстємє Денджызы хъуына уыдзєн мє гобан, Гъей, мє бон, нырєй фєстємє Денджызы уылєн — мє фєлмєн хъєццул. Денджызы урс дур мє баз уыдзєни, Денджызы кєсєгтє — мє бирє мєрддзыгой». ^фф?
НЄ ЗЄРДЄЙЄ ДЄ НОМ НЄ УЫДЗЄН ХИЦЄН Бонтє цєуынц ємє сє алкєцы дєр цыдєр гыццыл рухс ахєссы цєстытєй ємє цыдєр гыццыл мєт ныууадзы зєр- дєйы. Бонтє, сызгъєрин фестой, кєй йє уалдзєгмє хє- стєгдєр кєнынц, кєй йє царды стыр фєззєгмє, кєй та йє уазал зымєджы урс къєсєртєм. Фєлє куыд фєнды ма уєд, алчидєр цєры йє райсомы ныфсєй. Райсом арвыл рєсугъд- дєр хур скєсдзєн ємє фылдєр удєнцой єрхєсдзєн, зєгъгє. Цымє чи бауромдзєн азты дугъ?! Арєх мє зєрдыл єрлєу- уынц Єхсары мысинєгтє йє сывєллоны бонтєй. Цыма знон фєцєйцыдысты Чеджемты лєппутє хъєдмє суг ласынмє. Ба- дынц галуєрдоны, алємєты єрдзы нывтєм кєсгєйє сє зєрдє зарєг єрцагуырдта. Юрик систа зарєг, йє кєстєр єфсымєртє йєм бахъырныдтой... Раст уыцы афон Заманхъулы рагъыл йє мусонджы фарсмє бадти сє фыд Зєкєриа, колхозы быдыргєс, ємє кардєй цы- дєртє амадта. Лєппуты зарєг йє хъустыл ауади, лємбынєг цєм ныхъхъуыста, стєй уєд батєхуды кодта: «Уєдє цєй амонд- джын сты, ахєм зараг лєппутє кєй хєдзарєй рацыдысты, уыцы ныййарджытє!» Уалынмє къуыбырєй разынди уєрдон. Зєкєриа базыдта сє хъулон галы, базыдта йє фыртты, ємє йє цєсгом ныррухс: «Ддон нєхи цєринєггє куы сты, нєхи. Хуыцау цє Иры зарєг- гєнджыты ємрєнхъ цудын ма бауадзєд». Фьщ цыма йє уєны касти — нє фєрєдыд. Абон Єхсары, Зєкєриа ємє Верычкєйы цоты хистєры, Иры дзыхъхъы чи нє зоны, иу ахєм адєймаг нє разындзєни. Йє фєлмєн, зєрдє- мєдзєугє хъєлєс кєй хєдзары нє райхъуыст, иу ахєм дєр уєдє зынтєй ис ссарєн. Єхсар йє ’фсымєр кєй хуыдта ємє 242
йын єцєгєй дєр єфсымєры лєггад чи фєкодта, уыцы Уататы Зелим афтє загъта: «Кєд искєйы зєрдє ирон єгъдау ємє фар- нєй дзаг уыд, кєд йє уарзон ирон адємы йє аив, фєлмєн дзырдєй исчи барєвдыдта, уєд уый уыд Ирыстоны адємон поэт Чеджемты Єхсар». «Кєд мєм исты ис хорздзинадєй мє уды, уєд уый у мє мад Верычкє ємє мє фыд Зєкєриайы лєвар», — арєх дзырдта Єхсар. Цыппар лєппуйы: Єхсар, Юрик, Геор, Астемыр ємє чызг Тинє бахъомыл сты Чеджемты хєдзары. Єнцон нє уыд уал сывєллоны ахєм тыхст рєстєджы хєссын, фєлє цотєй ничи зоны мады уайдзєф, кєнє фыды схуыст ныхас. Райгуы- рєн хєдзары цы фарн ємє єгъдау уыд, уый никуы уыд рох єрыгон фєлтєрєй. Алчидєр цє царды фєндагыл йє зєрдєйы рєсугъдєй хаста сє ныййарджыты фєдзєхст. Єхсар ємє Геор хєрз чысылтєй равзєрстой аивад. Ныв кє- нын бирє уарзта Геор, ємє-иу йє нывы бын ныффыста єм- дзєвгєйы рєнхъытє. Єхсары зєрдємє тынг цыд уыцы хъуыд- даг ємє-иу йє зєрдєйы рєбын кємдєр хєлєг дєр кодта йє кєстєрмє. Иу бон йє зєрдєйы ныхас загъта йє мадєн: «Гєв- дийыл (афтє хуыдта Єхсар йє кєстєр єфсымєры) цы дзєбєх фидауы, йє нывы бын ємдзєвгє куы ныффыссы, уый». Мад йє мидбылты бахудт йє хъулонуарзт хъєбулмє ємє афтє ба- кодта: «Ды дєр куы фыссай, уєд дєуыл дєр сфидаудзєн». Куыд диссаг у мады зєрдє! Цас ныфс, цас хъару радтой мады фєлмєн ныхєстє лєппуйєн! Адєймагєн цард, фыццаджыдєр, балєвар кєнынц йє мад ємє йє фыд. Мад ємє фыд — Хур ємє Зєхх. Хуры хъарм нє тавы, зєххы фарнєй цєрєм. Мад ємє фыдмє хорздзинадєй цы уыд, уыдон Єхсар йє зєрдємє райста ємє йын йє царды- бонты уыдысты зынаргъ ємє уарзон. Фыд Зєкєриа йє уды бєрц уарзта ирон зарєг, ємє ирон зарєг фыртєн дєр йє уды рєбыны єрцард. Мад Верычкє фєндыры цагъд бирє уарзта, йє зєрдє йєм уынгєг кодта, ємє уыцы зєрдєйы уаг рахаста йє хъулонуарзт хъєбул дєр. Бауарзтон раджы нє фєндыры цагъд, Ме уєнгты рог цин зылди. Арвєн йє бєрзєндты урс цєргєс тахт,— Уый кєд мє зєрдє уыди. 243
Мад ємє фыд куыд зынаргъ сты, уый чи раздєр бамбары, чи фєстєдєр. Єхсар амондджыныл нымадта ахєм адєйма- джы, уыцы єцєгдзинад раздєр чи бамбары йє царды ми- дєг... Арєх аивєй мє цєст дардтон, Єхсар куыд кусы, уымє. Ємє мєм фыццаг диссаг каст: йє кусєн уаты иунєгєй бады, афтє- мєй кєимєдєр зєрдєбын ныхас кєны. Иу хатт уатмє бахы- стєн ємє йє фєрсын: «Иунєг куы дє, уєд кєимє ныхас код- тай? Исчи дєм телефонєй дзырдта?» Уый йє мидбылты бахудт ємє мын афтє: «Єз иунєг никуы вєййын. Верычкє кєддє- риддєр мє фарсмє ис. Исты хъуыддаг саразыны размє єз йемє уынаффє фєкєнын. Вейы зєрдємє цы нє фєцєуа, уыцы ха- бар царды нє бєззы. Єз мє мады зєрдєхудтєй цєрєнбонты мєхи хизын. Бирє ныл фєтухитє кодта, цалынмє царды фєн- дагыл єрлєууыдыстєм, уєдмє...» Йє мады чи нє уарзы, фєлє, євєццєгєн, зєххыл дыккаг нєй, Єхсары хуызєн ныййарєг мады чи уарзта ємє йє алы къахдзєф дєр йє мадимє чи баста... Зєнджиаты Темболаты чызг Верычкє фарны къах бавєрдта Чеджемты хєдзармє хєрзєрыгонєй. Йє чындздзон дзаумєтти- мє уыд, йєхи къухєй цы гауыз скодта, уый дєр. Єз арєх хъуыстон Єхсарєй, йє мад къухєй дєсны кєй уыд: уєлєдарєс дєр ємє къахыдарєс дєр йє цотєн уыцы зын за- манты йєхєдєг хуыдта... Єхсар буцєн бавєрдта йє мады чындз- дзон гауыз. Єз тынг бадис кодтон, куыд єй бахъахъхъєдта, ууыл... Єрах-иу ай райста къухмє ємє-иу йе стыр сау цєстытє доны разылдысты... — Ехх, євєдза, цард диссаг у! Абон мє бон у мє зєрдєйы фєндиаг мє ныййарджытєн балєггад кєнын, сє зєрдєтє сын барухс кєнын, фєлє ацы рухс дунейє уыцы талынг дунемє ницы фєхєццє уыдзєн, — дзырдта-иу фєсмонгєнгє Єхсар. Уєвгє, ирон адєммє ныхасєн баззад, къахы уєлфадмє чи нє хъуысы, уыцы ныхас, дам, мєрдтєм хъуысы, зєгъгє. Єхсар мадыл фыст зарджыты бєвєрдта йє уды хъарм, йє зєрдєйы рис ємє цин. Ныййарєг мады фєлмєн сурєт нє хицєн кодта йє зєрдєйє ємє йын йє рухс ном ардта йє хуыздєр зарджы- тєй: «Мады ном», «Ныййарєгєй амонд», «Сызгъєрин мад», « Сызгъєрин базыртє »... 244
Ныййарєг мад, ныййарєг мад, дє номыл Мє цинтє ’мє мє сагъєстє бєттын. Єз федтон хур дє къухтєй хуыд хєдоны, Дє хуыд дзабырты базыдтон цєуын. Мады фєлгонц у Єхсарєн йе сфєлдыстад рєсугъддєргєн- джытєй иу. Мад йє уацмысты канд ныййарєджы хуызы нє баззайы, фєлє йє фєлгонцы євдыст єрцєуы поэтєн йє Рай- гуырєн бєстє дєр. Ысхъомыл дєн дє урс цонгыл кєддєр, Фєндырдзагъды-иу де ’нкъард хъєлєс хъуыстон. Ысхастой мєн дыуує мады — ємсєр: Єрвхуызцєст МАД ємє єрвхуыз ИРЫСТОН. «Лєг дуры сєр куы райгуыра, уєддєр ын уыцы дур зынаргъ у, — арєх дзырдта Єхсар, — ємє йын єнє уарзгє нєй. Мєнєн дєр зынаргъ у Заманхъул. Заманхъул — мє райгуырєн хъєу- бєстє. Хуымгєнєджы ныллєг хєдзар — мє хъарм ахстон. Єз уым мє мады фєлмєн къухтыл тєхынмондаг цєргєсы лєппы- нау мє чысыл базыртєй хъазыдтєн. Єз фєндаг базыдтон хє- дзарєй — кєртмє, кєртєй — уынгмє, уынгєй — Хапєйы дзе- дырджын фєхстєм, Гуыдайы єрыскъєфджын уыгєрдєнмє, донысєр єхсєрджын къохмє. Заманхъулы арвыстой сє цард мє фыдєлтє ємє ацы зєххыл ныууагътой сє къахвєд. Зы- наргъ — йє нєудзар бєрзонд рєгътє. Зынаргъ — йє ныллєг парахат быдыртє. Хуыцауы къєсєртыл Заманхъул єрцард. Ам дауджытє хордтой Хуыцауы раз ард. Заманхъул, Заманхъул,— Мє уды цырагъ. Лєджы цард зынаргъ у, Дєуєн та нєй аргъ. Мє уалдзыгон бонты Єз бауарзтон дєу, Фыдєлты зєдбадєн — Мє сызгъєрин хъєу. 245
Заманхъул хуыдтой цыртгєнджыты хъєу. Уєвгє, цырт дєр зарєг у, дур чи фестад, ахєм зарєг. Аивады уыцы хуызы бирє фєллой бакодта йє фыд Зєкєриа дєр. Иє фыдєлты кой кєнгєйє Єхсар сєрыстыр уыд, єгъдау ємє курдиатєй рєсугъд адємтє кєм цард, фєллой ємє лєджы єхсар кад- джын, намысджын кєм уыдысты, уыцы уарзон Заманхъулєй. Заманхъулы рагєй єрєгмє дєр зарєг кадджын у. Ам фыдєй фыртмє адєм сє хуыздєртыл кодтой зарджытє. Заманхъуй- лєгтє фидауцджын уыдысты сє ирон єгъдау, се ’фсармєй. Уєдє цын зєрдєтє та ахєм зєрдєтє уыд, ємє зарын, ка- фынєй фєллайгє нє кодтой. Єхсар ємдзєвгєтє фыссын райдыдта, Заманхъулы астєук- каг скъолайы ма куы ахуыр кодта, уєд. Рахизфарсы районы газет 1957 азы хуындис «Коммунист», ємє дзы куыста Ты- джыты Юри. Уый бацєттє кодта єрыгон лєппуйы єм- дзєвгєтє ємє цє рауагъта. Уый фєстє та газет «Рєстдзи- над»-ы культурєйы хайады сєргълєууєг, фысджыты Цєди- сы сєрдар Цырыхаты Михал феххуыс кодта Єхсарєн, ємє йе ’мдзєвгєтє фєзындысты газеты. Поэт, зарєггєнєг Мыр- тазты Барисы руаджы йе ’мдзєвгєтє адємы рєгъмє рацыды- сты журнал «Мах Дуг»-ы. Афтє райдыдта Єхсары фєндаг литературємє. Заманхъулы астєуккаг скъола каст куы фєци, уєд ахуыр кєнынмє бацыди, Цєгат Ирыстоны культурєйы раз хи- хъєппєрисадон къордтєн айвадон разамонджытє кєм цєт- тє кодтой, уыцы курсытєм. Ахуыры фєстє Єхсар зєрдиа- гєй бакуыста йє райгуырєн хъєуы: зєрдєргъєвд фєсивє- дєн амыдта кафын ємє зарын, ємдзєвгєтє аив кєсын, чысыл спектаклты фєлгонцтє аразын... Єрыгон айвадон разамонєгєн йє зєрдє ’хсайдта литературє ємє аивады сусєгдзинєдтєм, ємє уєд бацыд ахуыр кєнынмє педаго- гон институтмє. Ам ахуыр кєнгєйє дєр йєхи євдыста фєзминагєй, зєрдєхєлар, сыгъдєгзєрдє ємгарєй. Фє- стаг курсы ма уыд, афтємєй райдыдта кусын Цєгат Иры- стоны радиойы комитеты. Йє куысты чиныджы ис єрмєст- дєр ацы иунєг фыст. 1965 аз амондджын уыд Єхсарєн: уыцы аз райдыдта кусын йє уарзон дєсныйадыл, рацыд йе ’мдзєвгєты фыццаг ємбырдгонд «Стъалыты єхсєрдзєн» ємє уыцы чиныджы гонорарєй балхєдта фатер. 246
Радиокомитеты дыууиссєдз азєй фылдєр фєкуыста Єх- сар. Радио ємє ирон зарєгєн радта йє уд. Йє равдыстытє «Адємон сфєлдыстад — адємон хєзна», «Къонайы хъарм», «Хєзнадон», «Єрхъуыды кєнєм, єрымысєм», «Хурзєрин» адєм тынг хєстєг райстой сє зєрдєтєм. Дызєрдыггаг нєу, єнє фыдєлты сфєлдыстадєй никєцы фарн ємє єгъдєуттєн ис бирє цєрєнбон. Єнусты сєрты нєм цы цєугє хєзнатє єрхєццє, уыдон Єхсар, хорз єфси- нау, бєстон кодта ємє цє адємы размє єххєстдєр ємє рєсугъддєрєй хаста. Зєгъєн ис, ног цард цы рагон зарджытє ємє фєндыры цєгъдтытєн радта, уыдон абоны онг цєрынц Єхсары руаджы. Єхсар йє царды фылдєр бонтє радта уыцы хъуыддагєн ємє бирє азты дєргъы царды ницы хорздзинадмє бабєллыд адємы арфєйє фєстємє. «Мє дзыллєйы зєрдє куы ссарин ємє йын йє фєлмєн хъєдгємттє куы бадзєбєх кєнин ирон зарєджы зєлтєй, — арєх дзырдта Єхсар. — Цас хъєбатыр лєппутє цард ацы ра- гон зєххыл! Йє ирон адємы бирє чи уарзта, єгады цардєй мєлєт хуыздєр у, зєгъгє, чи загъта ємє йє ирон кад ємє номы сєрыл цєрынхъуагєй мєрдтєм чи бацыд... Хур скаст ємє аныгуылд — афтє цыбыр у адєймаджы цард. Арвы астє- уєй ратахт тємєнтєкалгє стъалы ємє єхсєвы тары єрбай- сєфт. Тєхгє стъалыйєн та ноджы цыбырдєр у йє фєндаг. Ноджы цыбырдєр у йє цард. Сымах уыдыстут ацы зєххы тєхгє стъалытє ємє, цалынмє ирон ныхас ємє ирон зарєг цєрой, уєдмє ацы уарзон зєххыл ує номы рухс нє бамынєг уыдзєн». Єхсары фєндыд, цємєй нє ирон фєсивєд зоной, чи уыды- сты нє фыдєлтє, цы рєсугъд єгъдєуттє нын ныууагътой сє фєстє, фєлє єппєты сєйрагдєрыл нымадта Райгуырєн 6є- стємє уарзондзинад. Царды фєндєгтє єдзух лєгъз нє вєййынц. Уынгєг бонтє ныккодта нє ирон адємыл Фыдыбєстєйы хєсты рєстєг. Бирє амондджын бинонтєн байста хєст сє хъєлдзєгдзинад, бирє сывєллєтты ныууагъта сидзєрєй. Ирыстоны фєсивє- дєй хєсты быдыры лєгдзинад чи равдыста, уыдонєй бирєты рухс нємттє баззадысты Єхсары зарджыты ємє ємдзєвгє- ты. Єнусон бынат цын ис ирон адємы зєрдєты дєр... 247
Євєдза, куыд раст уыдысты фыдєлты ныхєстє, адємєн базонєн ис сє зыны сахат, сє хъыджы бон, зєгъгє. Ирон лє- гимє карды ком ємє топпы дзыхєй дзурєн нєй. Йє ирон бєстє зєрдєйє чи уарзта ємє йє фыдєлты туг йе уєнгты кємєн хызти, уыцы хъєбатыр фєсивєдєй бирєтє 1991 азы знєгтимє тохы равдыстой лєгдзинад ємє Ирыстоны сєрвєл- тау радтой сє цард. Сє хъєбатырдзинадєй єнусон скодтой сє ном ємє цєргєйє баззадысты Єхсары зарджыты... Єрмєст Ирыстоны зєрдє нє, єгас дунейы дзыллєтє фє- рыстысты Беслєныхъєуы сывєллєтты рисыл. Йє ахстонєй чи нєма ратахт, фєлє дунейы рухсыл цин чи кодта, ахєм гыц- цыл цъиутыл арвы бєрзондєй сєхи рауагътой тугмондаг цъиу- суртє. Царды дидинджытє ємє дзєнєты цъиутє... Уыцы бон бирє рєсугъд сабитє фестадысты дзєнєты цъиутє ємє атах- тысты дон-дон кєнгєйє дзєнєты бєстємє. Мадєлты сау цєссыг сау зєххы нал хъары, Арв дєр кєуы ’мє кєуы. Тох ныл куы ныккодта, о мє Ир, бафєрєз, Тохы лєгдзинад хъєуы. Зарєг ємє адємы бастдзинады тыххєй афтє загъта Єх- сар: «Зарєг ємє адєм цєрынц фыдєлты фарнєй. Єз фыс- сын, иронєй ма чи баззад, єрмєстдєр уыдонєн. Йє риуы ирон зєрдє кємєн ис, ирон фєндырдзагъд, ирон зарджытє бирє чи уарзы, ирон дзыхы дзырд зынаргъ кємєн у, ахємтє нє фыдєлты зєххыл бирє ис. Ємє цын Хуыцау раттєд цє- рыны ныфс, ує ирон зєрдєйы ахуырст макуы ссєуєд, ує кєстєртєм фылдєрєй- фылдєрмє куыд хиза фыдєлты фарн ємє зєрдєйы уаг. Цардєн ис дыуує хъєлєсы: цины хъєлєс ємє, зєрдєйы арфєй чи ссєуы, ахєм уєззау хъыджы єрхєндєг хъєлєс. Уыцы дыуує єнкъарєнєй гуыры ємє уыцы дыуує хъєлє- сєй дзыллєтєм хъуысы ирон зарєг. Акєсут-ма, цас хорз адєм ис ємє цы рєсугъд зєрдєйє уарзынц ирон зарєг! Єнє уыцы рєсугъд адєм мє фєллой кєй хъєуид? Никєй! Фыссєгєн адєм йє зєрдєйы базыртє сты, базыртє тєхынхъом куы уой, уєд та кусын дєр ємє цєрын дєр єнцон у. Єз бєлвырдєй зонын: зарєгєн зєр- дєйє зєрдємє ис фєндаг. Уыцы фєндаг адємы кєны амонд- 248
джын. Тєхуды, ирон зарєджы фарнєй єдзухдєр цєрдхуыз ємє єртхуыз куы уаид Ирыстон!» Єхсар йє зєрдєйы бынєй зєгъы: Куыд фєнды мє раппєл, куыд фєнды мє фау, — Ирыстонмє фехъуыст мє зарын. Ирон лєджы сагъєс мын радта Хуыцау, Ирон дзырды царды цин арын. Ирон лєджы сагъєс — фыды фарн, єгъдау, Нєй царды єндєр фєндаг махєн. Дунескєнєг кадджын о Иунєг Хуыцау, Ирыстоны де уазєг бакєн! Єхсармє тынг кадджын уыдысты фыдєлты зєхх, фыдєлты фарн, фыдєлты рєсугъд зєрдє ємє рєсугъд єгъдєуттє. Зєр- дєйє уарзта йє ирон адєм, йє райгуырєн Заманхъул, Иры- стон. Єнувыд уыд йє мыггагыл. Єххєст адєймагыл нымадта, йє фыдєлты хорз ном кадджынєй чи хєссы, уый. Йєхєдєг гыццыл сывєллонау цин кодта, цалдєр азы размє йє уидаг, йє рагфыдєлты ном куы ссардта зарєг «Чегем»-єй, уєд: Хуссары фидауц — Асыйы бєстє, Мє уд дзы ахста ирон ныхєстє. Кєддєр ирон дзырд Чегемы комєй Уарийау тахти базырєнгомєй. Чегемы хъєлєс мє хъустыл уайы, Хурєртєх цыма мє удыл тайы. Цєй амондджын у, зєрдєйы фєндйаг Зєххыл кємєн ис фыдєлты уидаг. Ирон зарєг йє удєй фылдєр уарзта Єхсар ємє йын бирє азты дєргъы арфєйаг лєггад фєкодта. Єхсары фыстытєй кєцыфєнды — зарєг уа, ємдзєвгє уа — куы райсай, уєд у ирон уєздандзинадєй нывєзт, у ирондзинады скъола. Ирыстоны абоны онг ахєм бон нєма скодта, ємє Єхсары зарджытє ма барухс кєной адємы зєрдєтє. Бирє рєсугъд хъуыдытє, бирє рухс фєндтє уыдис Єхсармє, фєлє йє къухы нє бафтыдысты. 249
Ма тыхс, зєрдє, цард нырма ис разєй, Айтындз-ма дє базыртє дєрдты. Мєн зєххыл дє зєрдєбын ныхєстєй Уарзондзинад байтауын фєнды. Ахєм ныфсытє євєрдта йєхицєн Єхсар. Фєлє йє фєл- лад рыст зєрдє йє куыстєй ныллєуыд... Єрдєгкуыстєй баззад ацы чиныг дєр. Тынг єй фєндыд йє фенын, фєлє адзал фєндонєй нє фєрсы. Бирє кєй уарзта, уыцы адємы зєрдєтє сынкъуысын кодта ємє йемє мєрдтєм бирє цєс- сыг ахаста. Бирє дзыллє єрбацыд Єхсарєн фєндараст зє- гъынмє йе ’нусон фєндагыл. Уєдє нєм хєдзармє цал ємє цал адєймаджы єрбадзырдтой тєфєрфєс ракєнынмє, тынг фєрыст мє зєрдє, фєлє рынчын дєн ємє мє бон бацєуын нє бацис, зєгъгє... «Какой светлый был человек!» — дисгєнгєйє мын дзырд- той мє уырыссаг зонгєтє... Фєлє Хуыцауы дєр, євєццєгєн, хуыздєртє хъєуынц... Єхсарєн йє зєххон цард фєцис, фєлє йє зєрдєйы рухс, йє уды фарн уєлєуыл баззадысты, ємє йын царды цы нє бантыст, уый, йє уд кємєн не ’вгъау кодта, уыцы ирон адє- мєн бантысєд... Єз та мє зєрдєйы рыст бавєрдтон мєнє ацы рєнхъыты ємє мє фєнды, цємєй, раздєхєн кєцєй нал ис, уыцы та- лынг дунейы барухс кєной Єхсары фєллад зєрдє. Хуыцауы фєндєй баиу ыстєм царды — Дыуує рыст зєрдє иу сєрдыгон бон. Нє сєрмє райгуырд, стъалыйау, цъєх арвыл Сыгъдєгзєрдєйє иумєйаг фєндон. Мє царды фєззєг барухс ис дє уарзтєй,— Зєххыл мєхи цєй амондджын хуыдтон. Дє цєстыты мын хуры рухс тын хастай, Бєрзонд арвєй мєм худти райсом бон. Зєрдєрыст уд дєр амондджын уєд вєййы, Куы банкъары уый иунєг бон рєвдыд. Єрмєст дє фєлмєн уарзєгой зєрдєйы Мєн амонды тын райхалын фєндыд. 250
Дєуєн дє зонд уыд а зєххыл куырыхон, Ирон адємыл уыд дє зєрды рис. Хуыцауєй єз дєуєн куырдтон цєрєнбон, Фєлє зєдтєм мє куывд нє фехъуыстис. Єрєгвєззєг мыл ихкъєвда ныууарыд, Ємє мє сєрмє аныгуылди хур. Єнє дєуєй єз удєнцой нє арын, Мє рыст зєрдє та сау мастєй ныддур. Кєдєм хєссон мє маст, кємєн єй дзурон, Чи бамбардзєн дєуау мєнєн мє рис? Хуыцауєй ма ныр та дєуєн цы курон? Єрмєст дзєнєт — гъе уым дє бынат ис. Хєрзбон зєгъын дєуєн уєдє цы зын у, Куыд риссы зєрдє масты сагъєстєй!.. Єнє дєуєй зєххыл мє цин цыбыр у, — Ныккєрзы зєрдє сомбоны мєтєй. Нєй азты радєн ницы хуызы ивєн, Бєрзонд арвыл та калдзєн хур цєхєр. Мє зєрдєйє дє ном нє уыдзєн хицєн, Дє фєлмєн ныхас а зєххыл цєрдзєн... Чеджемты-Дзалаты Ларисє
чиныджы ис Райгуырєн зєхх 6 Сызгъєрин базыртє , .7 Заманхъулы зарєг 8 Чегем 9 Мады ном 11 Верычкєйы зарєг .12 Амондджын хєдзар 14 Нє буц хистєртє 15 Фыдєлты зєхх 16 Къонайы хъарм 18 Мє дзєбєх мад 19 У арзондзинад 20 Хъєууон изєртє 21 Амонды фєндаг 22 Зєдты чындзєхсєв. 24 Царды фидауц .26 Хъєбулєй амонд 27 Урс хохы мєсыг 28 Мє цъєхцєст уалдзєг 30 Мє цины стъалы 31 Нєхимє цєуын 32 Фєлмєн хур 34 Арвєй цы курын 35 Кєддєры уалдзєг 36 Уый дын — мє уарзон 38 Мє царды цин 39 Єз кєй агуырдтон 40 Ныййарєгєй амонд 42 Царды ад 43 Мады зарєг 44 Мє зынаргъ Ирыстон 45 Бинонты мєсыг 46 О мє мад! 48 Сызгъєрин мад 50 Єртхурон 51 252
Ой єна 52 Цъєйдон 54 Чызджы сагъєстє 55 Уый уарзондзинад у 56 Мє зарєг 57 Ирон чызджытє 58 Зєды зєрдє 59 Лєппуйы сагъєс 60 Амонды хох 61 Фыды фєдзєхст 62 Нырєй фєстємє 64 Зєрдєйы цин 66 Бєллицтє 68 Мє хъєу. 70 Къухмєрзєн 72 Зарєг — сєууон хур 74 Хєхты зєлтє 75 Ног чындз 76 Дидинєг ма ракал 77 Ємбалы зєрдє 78 Тєхынц сызгъєрин азтє 79 Цємєн дын кодтон єргом мє зєрдє 80 Кєстєры зарєг 82 Арвы дидинєг 83 Мє амонд 84 Єгомыг бєлас 85 Єз ахєм чызджы агуырдтон 86 Зєронд фєндырдзєгъдєг 88 О, куыд хорз у цард! 91 Агурын дєу 92 Дє уаты рудзынг 93 Никємєн ратдзынєн дєу 94 Нєртон симд 95 Сидзєр 96 Терчы бєлєстє 98 Зон єй, мє Ирыстон 99 Ногбоны зарєг 100 Мєн фєнды 101 Хєххон дидинєг 102 Мє царды уалдзєг 103 Єгас цу, мє бєлццон 104 Бєрєгбоны зарєг 105 Ирон симд 106 Хуры цот 108 Мамасы зарєг 109 Ироны зарєг 110 Ныфсы ныхас 112
Єцєгєлон бєстє 113 Хєлєг 114 Ирон фєндыр 116 Хуры зарєг 118 Ирон дзырд 120 Зилахар 121 Хъєлдзєг куплеттє 122 Мызур 124 Бєтєхъойыхъєуы зарєг 126 Ногиры зарєг 128 Беслєныхъєуы зарєг 130 Єнєном зарєг 131 Єз мысын абон 132 Цъити-хох рафєлдєхт 134 Дыуує мады 135 Зєрдє риссы ємє риссы 136 Хурбоны цєссыгтє 137 Хъысмєт 138 Єнахуыр фын 140 Дард дє мєнєй 142 Дзуєртты уазєг 143 Хъєубєсты лєвар 144 Арсены зарєг 146 Уртаты Анатолийы зарєг 147 Созайты Мєхємєты зарєг 148 Хємыцаты Романы зарєг 150 Сєбєтхъуаты Хъазыбеджы зарєг 151 Годжиаты Романы зарєг 153 Ныййарєджы рис 155 Дєу байста хєст 156 Абырєджы зарєг 158 Иры фєдисєттє 159 Бабайы хъєбултє ; 160 Цъєх цинел 162 Хєрзбоны зарєг 163 Чыпыраты хєстон єфсымєрты зарєг 164 Магкаты Зурабы зарєг 166 Баймєтаты Цыппуйы зарєг 167 Карсанты Хъазыбеджы зарєг 168 Бєройты Мишайы зарєг 169 Битарты єфсымєрты зарєг 170 Цєллаггаты Мараты зарєг 171 Таутиаты Солєманы зарєг 173 Єгъуызарты Єхсарбеджы зарєг 174 Єнкъард мады зарєг 176 Базыраты Таняйы зарєг 178 Гогаты Дианєйы зарєг 180 254
Бєцєзаты Асєхмєты зарєг 131 Дзиуаты Солтанбеджы зарєг \ $2 Хъуысаты Мураты зарєг 134 Бухары зарєг 136 Хъуыдакаты Майрємы зарєг 138 Бєройты Мураты зарєг 190 Хємыцаты Георгийы зарєг 192 Моргуаты Хуысинєйы зарєг 194 Кобегкаты авд єфсымєры зарєг 195 Танхълаты Георгийы зарєг 196 Уарзеты катай 198 Єртє ємбалы 200 Хъаирты Хъазыбеджы зарєг 202 Заойты Єхсары зарєг 204 Накуысаты Земфирєйы зарєг 206 Дзгойты Арцуйы зарєг 208 Гайты Акимы зарєг 210 Хаситы Аличчы зарєг 211 Есерыхъуаты Барисы зарєг 212 Сланты єфсымєрты зарєг 214 Цорєты Хъамболаты зарєг 215 Кєсєбиты Митяйы зарєг 216 Зыхъуаты фєллад бєлццон 218 Соскиты Тотрадзы зарєг 220 Чеджемты гыццыл Зелимы зарєг 222 Галуаты Сосланы зарєг 224 Дойаты Зєлинєйы зарєг 227 Быгъдаты мєсыг 229 Сидахъаты Альберты зарєг... 231 Єз дє раздєхынмє кастєн 233 Мецъаты Маркы зарєг 235 Хъуысаты Петройы зарєг 237 Тотыккаты Муссєйы зарєг 239 Дзуццаты Дзигойы зарєг 240 Нє зєрдєйє дє ном нє уыдзєн хицєн 242
Лит ературно-художественное издсшие Чеджемов Ахсар Закаряевич НЕБЕСНЫЙ ЦВЕТОК Редактор 3. У. Дзуцева Художник и художественный редактор Г. 3. Чеджемты Компыотерная верстка Н. А. Семенова Подписано в печать 31.03.10. Формат бумаги 60x84 1/16. Бум. офс. № 1. Гарнитура шрифта «АЕ Кудряшов». Печать офсетная. Усл. печ. л. 14,88+1,39 вкл. Учетно- изд. л. 14,03+1,5 вкл. Тираж 1000 экз. Заказ № 1358. Отпечатаносготовыхдиапозитивовв ОАО «Издательско-полиграфическое пред- приятие им. В. А. Гассиева», 362021, г. Владикавказ, ул. Тельмана, 16. Тел.: 74-24- 23, е-таП: 1рр@Ьо1Ьох.ш