Text
                    УÆРÆСЕЙЫ ФЕДЕРАЦИЙЫ АХУЫРАДЫ МИНИСТРАД
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ КЪОСТАЙЫ НОМЫЛ
ПАДДЗАХАДОН УНИВЕРСИТЕТ
ПАГÆТЫ ЗАРЕМÆ
ФЫЦЦÆГÆМ-ЦЫППÆРÆМ КЪЛÆСТЫ
АХУЫРГÆНИНÆГТÆ КÆСЫН ÆМÆ
ФЫССЫН КУЫД ЗОНЫНЦ, УЫМÆН
БÆРÆГГÆНÆНТÆ ÆВÆРЫНЫ
БÆРЦБАРÆНТÆ
(Методикон амындтытæ райдайæн скъолайы
ахуыргæнджытæн æмæ педагогон факультеты
студенттæн)
Сфидар æй кодта Республикæ
Цæгат Ирыстон—Аланийы иумæйаг æмæ
профессионалон ахуырады министрад
/^гаЧ Дзæуджыхъæу
Щ,с$ 20 02


74.268.1 Осе П-12 Фидаргонд æрцыд педагогон факультеты методикон уынаффæдоны Н а у к о н редактор — педагогон наукæты кандидат, профессор Хъулаты Азæ Рецензент — педагогон наукæты доктор, профессор Дзуццаты Эльбрус Пагæты 3. П-12 Фыццæгæм-цыппæрæм кълæсты ахуыргæнинæгтæ кæсын æмæ фыссын куыд зонынц, уымæн бæрæггæнæнтæ æвæрыны бæрцбарæнтæ.— Дзæуджыхъæу: Ирыстон, 2002 — 31 ф. 18ВК 5-7534-0726-9 Пагиева 3. А, Нормы, оценки знаний, умений и навыков учащихся 1-4 классов по осетинскому языку и чтению. п 4309000000-11 П 1Я9(03)-2002 Без объявл- 74*2681 °Се 18ВЫ 5-7534-0726-9 © Пагиева 3. А., 2002
Разныхас Ахуыргæнинаг райдайæн скъолайы раст, аив дзуры- ныл, кæсыныл, фыссыныл æмæ хъуыды кæныныл куы нæ сахуыр уа, уæд йæ дарддæры ахуыры иннæ хуызты æнтыстдзинад йæ къухы зынæй æфтдзæни. Уымæ гæсгæ райдайæн скъолайы æмхуызон хъус дарын хъæуы куыд кæсын, афтæ фыссын амоныны мадзæлттæм дæр. Скъоладзау растфыссынады æгъдæуттæ куы нæ зона, уæд ын зын уыдзæн чиныг кæсын дæр, кæсыны фæтк куы не ’ххæст кæна, уæд уый та æвзæрырдæм зыидзæн йæ раст фыссынадыл. Алы къласы дæр, скъоладзауты кармæ гæсгæ, азæй- азмæ вазыгджындæр кæнгæйæ, архайын хъæуы кæсы- ны алыхуызон фæрæзтæй, хицæн касты хуызтæй. Уый тыххæй хорз зонын хъæуы уыцы фæрæзты мидис, ны- сан æмæ сæ куыд архайын хъæуы ахуыры, уыдæттæ. Иуныхасæй, цæмæй скъоладзаутæ раст кæсын, дзу- рын æмæ фыссын сахуыр уой, уый тыххæй мадæлон æвзагæй цы ахуыр кæнынц, уый мидис æмæ нысани- уæг хъуамæ бамбарой тынг хорз. Белинскийы загъдау, грамматикæ у мадæлон æвза- джы философи, æмæ дзы ахуыргæнипæгтæн цы амынд цæуы, уый фидарæй куы бамбарой, раст дзурын æмæ сын раст фыссын дæр уæд бантысдзæн. Мæнмæ гæсгæ, ацы амындтытæ феххуыс уыдзысты райдайæн скъолайы ахуыргæнджытæн, стæй педагогон факультетты студенттæн сæ куыст бæлвырд фæткыл саразынæн, скъоладзауты зонындзинæдтæн раст аргъ кæнынæн. з
Чиныджы амынд сты фыццæгæм-цыппæрæм кълæсты фысгæ куысты хуызтæ æмæ сæ кæныны мадзæлттæ, стæй кæсыны фæлтæрддзинадæн аргъ кæныны æгъдæуттæ æмæ бæрæггæнæнтæ æвæрыны бæрцбарæнтæ. 4
♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦:♦ ♦> ♦:♦ КÆСЫНЫ АЛЫ ХУЫЗТÆ РАЙДАЙÆН КЪЛÆСТЫ Райдайæн скъолайы ахуыргæнинæгтæ кæсын хъуамæ рай- дайой, дамгъæтæ куы базонынц, уымæй фæстæмæ. Цæмæй ахуыргæнæг сывæллæтты бонæй-бонмæ хуыздæр кæсыныл фæцалх кæна, уый тыххæй йæ тыхтæ хъуамæ са- раза кæсыны фæрæзы рæзтмæ, уæлдайдæр та — фыццæгæм- дыккæгæм кълæсты. Скъоладзауы æмбаргæ, раст, тагъд æмæ аивадон кастыл фæцадх кæныны тыххæй, фыццаджыдæр, ахуыргæнæджы бакусын хъæуы, сывæллон цы кæсы, уымæн йæ мидис цæмæй хорз бамбара, ууыл. Аив литературон æвзагыл рæсугъд, зæрдæмæхъаргæ кас- ты фæрцы ахуыргæнæг сывæллæтты зæрдæты хъуамæ сæвзæрын кæна рæсугъд хъуыдытæ, арф æнкъарæнтæ. Йæ зæрдæбын ныхасы фæрцы хъуамæ бамбарын кæна, уацмы- сы цы сæйраг æмæ ахсджиаг хъуыдытæ ис, уыдоны мидис. Раргом кæна фыссæджы ахаст, йæ уацмысы кæй кой кæны, уыдонмæ, стæй уыдон дæр æмæ йæхæдæг дæр цавæр æхсæна- дон зондахастыл хæст сты æмæ а.д. Хатгай уацмысы арф æвæрд вæййынц фæсномыг кæнæ дæлгоммæ хъуыдытæ, æмæ уыдонæн дæр раргом кæнæн ис тынг дæсны касты фæрцы. Ахуыргæнæг аив кæсы æппæты фыццаг йæхæдæг, ахуыр- гæнинæгтæй та уый домы уацмысæн анализ скæныны фæстæ. Цыбыр радзырдтæ æмæ æмдзæвгæтæ хайгай кæсын не ’мбæлы. Хайгай кæсын хъæуы стыр уацмыстæ. Æмдзæвгæтæ, баснятæ ахуыргæнæг хъуамæ раздæр бакæ- са æмæ сæ дзура æнæ чиныгæй. Цас фæлтæрдджындæр, дæсныдæр уа ахуыргæнæг, уыйас æм скъоладзаутæ зæрдиагдæрæй, цымыдисдæрæй хъусдзысты. 5
Уæдæ райдайæн кълæсты касты алы хуызтæм хауынц: раст каст, тагъд каст, æмбаргæ каст, аивадон каст, хи- нымæр æмæ хъæрæй каст, иумæ каст, амонгæ каст, хи- барæй каст. Ацы касты хуызтæ кæд се ’ппæт кæсыны фæлтæрддзина- ды бындурон фæрæзтыл нымад не ’сты, уæддæр иумæйагæй æххуыс кæнынц уыцы фæлтæрддзинады рæзтæн. Райдайæн скъолайы кæсыны фæрæзæн аргъ кæнгæйæ тынгдæр хъус дарын хъæуы, сæйрагдæрыл нымад цы касты хуызтæ сты, уыдонмæ, ома æмбаргæ, раст, тагъд æмæ аива- дон кастмæ. Раст каст Ахæм кастыл нымад у дамгъæтæ, уæнг нæ фæцухгæн- гæйæ, мыртæ æндæртæй нæ ивгæйæ, дзырдты кæрæттæ не скъуынгæйæ каст. Раст кæсын, ома цавд дзырдтыл раст æвæрын, æрхæцæн нысæнттæм хъус дарын, интонацимæ гæсгæ раст кæсын дзырд- бæстытæ, кæннод æнæхъæн фразæтæ, орфоэпион æгъдæуттæ æххæст кæнын æмæ а.д. Æмбаргæ каст Скъоладзауты æмбаргæ кастыл фæцалх кæныны тыххæй ахуыргæнæджы архайын хъæуы ууыл, цæмæй ахуыргæнинæгтæ цы кæсынц, уый раст æмбарой, ома алы дзырдæн дæр, хъуыдыйадæн дæр, текстæн дæр зоной йæ нысаниуæг, йæ мидис. Уымæн та тынг пайда у дзырдуа- тон куыст. Тагъд каст Ацы каст æнæмæнгæй пайда у æмбаргæ кастæн. Афтæмæй ахуыргæнинаг цы кæсы, уый мидис хуыздæр фембары. Фæлæ æгæр тагъд куы кæса, уæд та тæссаг у, æппындæр дзы куы ницы бамбара, уымæй. Уымæ гæсгæ хуыздæрыл нымад у дзургæ ныхасмæ хæстæг каст. Хорз у хинымæр каст дæр: афтæмæй каст фæтагъддæр вæййы. Уымæй уæлдай архайын хъæуы ууыл, цæмæй ахуырдзау- 6
тæ кæсой фылдæр æмæ арæхдæр. Уымæн æмæ æрмæст уæд фæцалх уыдзысты тагъд кастыл. Аивадон каст Ахæм касты фæрцы ахуырдзауæн фадат ис йæ хъæлæсы уагæй авторы æнкъарæнтæ, хъуыдытæ ирддæрæй равди- сынæн. Аивадон каст вæййы раст, æмбаргæ касты бындурыл æмæ æвдисы, сывæллон фыст цас æмбары, уый. Уымæй уæлдай ахæм касты фæрцы сывæллонæн рæзынц йæ аивдзинады æнкъарæнтæ. Ахуырдзаутæ тынг уарзынц ахуыргæнæджы фæзмынын, уымæ гæсгæ, фыццаджыдæр, уый хъуамæ йæхæдæг арæхса аивадон кастмæ. Уый фæстæ сывæллæттæн дæр бацамонын хъæуы аивадон касты сæйрагдæр æгъдæуттæ: а) аив литературон æвзагыл кæсын; æ) алы дзырд дæр хицæн хъæлæсыуагæй кæсын (уый тыххæй сын зонын хъæуы сæ нысаниуæг); б) фæлæудтытæ раст кæнын, æрхæцæн нысæнттæм хъус даргæйæ; в) хъæлæсыуаджы фæрцы фыссæджы æнкъарæнтæ æвди- сын; г) хъæлæсыуагæй æвдисын хъазæн ныхас (баснятæ), хъæлдзæг, тыхджын æнкъарæнтæ (лирикон, пейзажон æмдзæвгæтæ), æнкъард зæрдæйыуаг (элегион æмдзæвгæтæ) æмæ а.д. Аивадон касты æргомгæнæн миниуджытæй иу у кæсыны тагъддзинад (темп). Уый дæр æнгом баст у уацмысы миди- симæ, ома ахуыргæнинаг уацмысы мидис хорз куы ’мбара, уæд, куыд æмбæлы, ахæм темпæй базондзæн уацмыс бакæ- сын дæр. Аивадон касты æнæмæнг фæрæзыл нымад у ритм дæр. Тынгдæр хъус æрдарын фæхъæуы æмдзæвгæты ритмикон скондмæ. Хорз у, ахуыргæнæг уыцы фæрæзыл сывæллонимæ хицæнæй æмæ иумæ кæсыны фæрцы дæр куы куса, уæд. Иумæ кæсгæйæ сывæллæттæ хуыздæр ахуыр кæнынц рит- микон хъæлæсыуагыл. Иуныхасæй, кæй ранымадтам, кæсыны уыцы хицæн хуы- 7
зтæ æмæ фæрæзтæ æнгом баст сты кæрæдзийыл, иу дзы æххæст кæны иннæйы æмæ сæ кæсын хъæуы, куыд хуыздæр бадой, афтæ. Ахуырдзаутæ касты æппæт хуызтыл дæр æнæкъуылым- пыйæ куы фæцайдагъ уой, уæд хицæн литературон уацмыстæ дæр кæсдзысты рæвдздæрæй, бауарздзысты чиныг. РАЙДАЙÆН КЪЛÆСТЫ КÆСЫНЫ ФÆЛТÆРДДЗИНАД 1 кълас Уæнггай, æнæкъуылымпыйæ раст æмæ æмбаргæ кастыл фæцалх кæнын сывæллæтты, хъæлæсыуагæй раст дзургæйæ цыбыр хъуыдыйæдтæ æмæ фыстытæ кæсын ахуыры азы фыццаг æмбисы, минутмæ 15-25 дзырды, дыккаг æмбисы та 25-35 дзырды онг уæнггай, кæнæ æнæхъæн дзырдтæй кæсгæйæ. 2 кълас Ахуыры азы фыццаг æмбисы æмбаргæ, аив æмæ раст кæсын æнæхъæн дзырдтæй, минутмæ 35-45 дзырды, дыккаг æмбисы та — 45-55 дзырды (зындзурæн дзырдтæ уæнггай кæсгæйæ) Кæсгæ-кæсын фæлæудтытæ æмæ хъæлæсы уаг раст сара- зын зонын. Хъуыдыйады кæрон стъæлфыл æрлæууын зо- нын. Хъæлæсы уагæй ранымад равдисын зонын. 3 кълас Ахуыры азы фыццаг æмбисы æмбаргæ, раст, аив æнæ- къуылымпыйæ кæсын минутмæ 55-65 дзырды, дыккаг æмби- сы — 65-75 дзырды. Кæсгæ-кæсын, сæйрагдæр хъуыды цы дзырдты ис, уыдон хъæлæсы уагæй рахицæн кæнын зонын. Хъуыдыйæдтæ æмæ æппæт фысты хæйтты астæу æмбаргæ фæлæудтытæ кæнын. 4 кълас Ахуыры азы фыццаг æмбисы æмбæлы æнæзонгæ фыстæй тагъд, æмбаргæ, раст кастæй минутмæ 75-85 дзырды онг 8
кæсын, дыккаг æмбисы — 85-95 дзырды. Æнæ искæй æх- хуысæй аивадон каст бацæттæ кæныы мæнæ ацы домæнтæ хынцгæйæ: (хъæлæсы уаг, цавд, фæлæудтытæ). Хинымæр æмбаргæ каст кæнын цыфæнды хуызы фыст дæр, куыд йæ ас, афтæ йæ жанрмæ гæсгæ. КÆСЫНЫ ТАГЪДДЗИНАД 1-4 КЪЛÆСТЫ 1 къл. 2 къл. 3 къл. 4 къл. 1 æмбис 2 æмбис 1 æмбис 2 æмбис 1 æмбис 2 æмбис 1 æмбис 2 æмбис ^^^^ъ^^^ «5» 15-25 25-35 35—45 45-55 55-65 65-75 75—85 85—95 «4» 10-15 20-25 30—35 40—45 50—55 60-65 70—75 80—85 «3» 8—12 15—20 25—30 35-40 45—50 55—60 65—70 75—80 «2» 8-æй къаддæр 15-æй къаддæр 25-æй къаддæр 35-æй къаддæр 45-æй къаддæр 55-æй къаддæр 65-æй къаддæр 75-æй къаддæр «1 >> — — — — КÆСЫНЫ ФÆЛТÆРДДЗИНАДÆН АРГЪ КÆНЫНЫ ÆМÆ БÆРÆГГÆНÆНТÆ ÆВÆРЫНЫ БÆРЦБАРÆНТÆ Бæрæггæнæн «5» æвæрын æмбæлы, ахуыргæнинаг раст куы кæса, кæй кæсы, уымæн йæ мидис куы ’мбара, уæд. Фыццаг къласы ахуыры азы дыккаг æмбисы кæсы раст, æмбаргæ: дзырдтæ æнæхъæнæй, хибар дзырдтæ уæнггай. Раст дзуры мыртæ, дзырдтæ не сзыгъуыммæ кæны, сæ бынæттæ сын нæ ивы. Раст æвæры цавд, раст аразы фæлæудтытæ, йæ хъæлæсы уаг у раст. Бæрæггæнæн «4» æвæрын æмбæлы, кæд æмæ ахуырдзауы кæсыны арæхстдзинад хæстæг уа бæрæггæнæн «5»-ы домæнтæм, фæлæ кæна дыууæ-æртæ рæдыды (дзырдтæ сзы- гъуыммæ кодта, сæ бынæттæ сын аивта, дамгъæтæ фæуагъ- та, кæнæ æндæр дамгъæтæ бафтыдта; цавд раст не ’вæры, хъуыдыйады кæрон нæ фæлæууы, нæ зоны хъæугæ хъæлæсы уаг равзарын). Бæрæггæнæн «3»: ахуыргæнинаг кæсы къуылымпытæгæнгæ, 9
йæ касты аивдзинад нæй, цыппар-фондз рæдыды скодта (дзырдтæ сзыгьуыммæ кодта, сæ бынæттæ сын аивта, дамгъæтæ фæуагъта, кæнæ æндæр дамгъæтæ бафтыдта, цавд раст сæвæрын нæ зоны, ирон орфоэпийы æгъдæуттæ не ’ххæст кæны). Бæрæггæнæн «2» æвæрын æмбæлы, кæд æмæ ахуыргæни- наг æппæт дзырдтæ дæр кæсы æнæкъуылымпыйæ, йæ кæсы- ны уаг у бирæ ныллæгдæр, цы æмбæлы, уымæй, æхсæз рæдыдæй къаддæр нæ кæны. Райдайæн кълæсты кæсыны уаг сбæрæг кæнæн ис мæнæ ацы хуызæгмæ гæсгæ: Кълас — Ахуыргæнинæгты нымæц — Т~Л | — уыдонæй кæсынц —[^ — нæ кæсынц — |^ ) 1 — кæсынц уæнггай —^ — кæсынц уæнггай æмæ æнæхъæн дзырдтæй — [^] — кæсынц æнæхъæн дзырдтæй —[^ Раст кæсынц: æнæ рæдыдæй —[^] 1-2 рæдыдимæ —[^] Рæдыдтытæ скодтой: — уæнгтæ, дзырдтæ фæзмыныныл -П — уæнгтæ, дзырдтæ баивыныл, фæуадзыныл, æндæрхуызон бакæсыныл — \^\ — æдæппæт рæдыдтытæ скодтой — -п Тагъд кæсынц:— цас æмбæлы, уымæй къаддæр —[_) — цас æмбæлы, уыйас —[_} — цас æмбæлы, уымæй фылдæр — Аив кæсынц — | ] Кæсынц иу хъæлæсы уагæй —| | Æмбаргæ каст: — фæрстытæн раст дзуапп радтой — хи ныхæстæй радзырдтой —1_| п -п — хи ныхæстæй радзырдтой ахуыргæнæджы | фæрстыты руаджы —[__] 10
ФЫСГÆ КУЫСТЫТЫ ХУЫЗТÆ РАЙДАЙÆН СКЪОЛАЙЫ ÆМÆ СÆ МЕТОДИКÆ Райдайæн кълæсты кæнынц ахæм фысгæ куыстытæ: 1) диктант; 2) чиныгæй кæнæ фæйнæгæй рафыссын; 3) фæрстытæн фысгæ дзуаппытæ раттын; 4) хи ныхæстæй фыст (изложени); 5) хи хъуыдытæй фыст (сочинени). Диктант æмæ чиныгæй, фæйнæгæй куыд рафыссой, уымæ гæсгæ бæрæггонд цæуынц ахуыргæнинæгты орфографион æмæ пунктуацион зонындзинæдтæ, сæ хъуыдытæ раст æмæ фæд- фæдыл зæгъынмæ куыд арæхсынц, уый. Сæ ныхасы раст- дзинад, цæттæдзинад цавæр къæпхæныл лæууы, уыдæттæ та сбæрæг кæнæн ис уацмыс хи ныхæстæй ныффыссыны (из- ложени) æмæ хи хъуыдытæй фысты фæрцы (сочинени). ДИКТАНТЫ ХУЫЗТÆ Райдайæн скъолайы фыссын хъæуы диктанты ахæм хуыз- тæ: 1) фæдзæхстон; 2) æмбарынгæнæн; 3) æвзаргæ; 4) уæгъ- дибар; 5) дзырдуатон; 6) сфæлдыстадон; 7) нывон-предме- тон; 8) цæстуынгæ; 9) контролон æмæ æнд. Диктанты хуызтæй архайын хъæуы афтж 1. Фæдзæхстон диктант. Фыссыны размæ ахуыргæнæг скъоладзаутæн сæ зæрдыл æрлæууын кæны, фыст (текст) цы растфыссынады æгъдæуттыл лæвæрд у, уыцы раиртæ- стытæ. Уый фæстæ фыст бакæсы æнæхъæнæй æмæ дзы ахуыр- гæнинæгтæ æвзарынц хъæугæ дзырдтæ, дзурынц сын сæ растфыссынад, цавæр æрхæцæн нысæнттæ хъæуы хъуы- дыйæдты, уый. Фыссинаг æвзæрст куы фæвæййы, уæд æй ахуыргæнæг кæсы хъуыдыйадгай, æмæ скъоладзаутæ фыс- сыыц. Фыст куы фæуой, уæд ма йæ ахуыргæнæг бакæсы фæстаг хатт, скъоладзаутæ лæмбынæг кæсынц сæ тетрæдтæм æмæ, кæмæн йæ бон куыд у, афтæ раст кæны йæ хъæндзинæдтæ. 11
2. Æмбарынгæнæн диктант. Ахæм диктант фысгæйæ йæ ми- дис æвзæрст нæ цæуы. Хъæугæ раиртæст сæ зæрдыл æрлæууын кæныны фæстæ ахуыргæнæг фыст кæсы хъуы- дыйадгай æмæ йæ ахуыргæнинæгтæ фыссынц. Куы фæ- уой, уæд радыгай кæсынц иугай хъуыдыйæдтæ. Ахуыр- гæнинæгтæй иу бакæсы хъуыдыйад æмæ хъæугæ дзырдты растфыссынад бамбарын кæны, иннæтæ кæсынц сæ тетрæдтæм, агурынц рæдыдтытæ. Чи ссара, уый йæ зæгъы ахуыргæнæгæн. Рæдыд иумæ равзарынц, стæй йæ сраст кæнынц. Æмбарынгæнæн диктант арæхдæр вæййы иу хуызы ор- фограммæты растфыссынадыл, фæлæ дзы хатгай вæййы иу- къорд орфограммæйы дæр. 3. Æвзаргæ диктант. Ахуыргæнæг фыст бакæсы æнæхъæ- нæй, стæй та хъуыдыйадгай. Скъоладзаутæ дзы сæ тет- рæдты фыссынц æрмæст бæлвырд дзырдтæ кæнæ дзырд- бæстытæ, цы ахуыр кæнынц, уымæй. 4. Уæгъдибар диктант. Амæн вæййы æрмæстдæр баст текст (радзырд). Ахуыргæнæг æй кæсы æнæхъæнæй, стæй та хай- гай. Хæйттыл æй дих кæны скъоладзаутæн сæ кар æмæ сæ цæттæдзинадмæ гæсгæ. Ахуыргæнинæгтæ архайынц ууыл, цæмæй уыцы хæйттæй рауайа, цы фыссынц, уымæ тынг хæстæг радзырд, бæлвырд раиртæстыл дзы цы орфограммæтæ æмбæлы, уыдонимæ. 5. Дзырдуатон диктант. Ауыл рæстæг бирæ хардз кæнын нæ хъæуы, ахуыргæнинæгтæ хъуамæ фыссой тагъд. Кæнын æй æмбæлы алы урочы дæр, фылдæр хатт йæ райдайæны, стæмдæр хатт та — урочы кæрон. Дзырдтæ лæвæрд цæуынц сæрмагонд темæйæ. Ахуыргæнæг сæ кæсы, скъоладзаутæ та сæ фыссынц сæ тетрæдты (кæнæ та радыгай, фæйнæгыл). Уый фæстæ сæ æвзарынц, дзурынц сын сæ растфыссынады æгъдæуттæ. 6. Сфæлдыстадон диктант. Ахуыргæнæг скъоладзаутæн кæ- сы, кæнæ фæйнæгыл фыссы иукъорд дзырды, раздæр цы темæ ахуыр кодтой, уымæй. Сывæллæттæ дзырдтимæ ара- зынц хъуыдыйæдтæ. Уыцы дзырдтæн ивæн ис сæ арæзт, сæ 12
кæрæттæ дæр, кæрæдзийыл бæттыны тыххæй. Уæвæн ис, æмæ дзы рауайа чысыл радзырд. 7. Цæстуынгæ диктант. Ахуыргæнæг диктант хъуыдыйад- гай фыссы фæйнæгыл. Скъоладзаутæ йæ бакæсынц, ба- хъуыды кæнынц зынфыссæн дзырдты растфыссынад. Ахуыр- гæнæг фыст сæхгæны. Ногæй йæ бакæсы, æмæ йæ ахуыргæ- нинæгтæ ныффыссынц. 8. Нывон-предметон диктант. Уый дæр у дзырдуатоны хуы- зæн. Æрмæст дзурыны бæсты ахуыргæнæг æвдисы пред- меттæн сæхи кæнæ сæ нывтæ. Скъоладзаутæ кæсынц нывтæм (предметтæм) æмæ сын фыссынц сæ нæмттæ. 9. Контролон диктант. Кæй ранымадтам, уыцы диктантты кæд вазыгджындæр дзырдбæстытæн, зынфыссæн дзырдтæн æмæ хъуыдыйæдтæн уæвæн ис, цæмæй скъоладзаутæ æвза- джы хъæздыгдзинад æмбарыныл ахуыр кæной, уый тыххæй, уæд контролон диктант та хъуамæ уа хуымæтæгдæр, хъуы- дыйæдтæ — цыбырдæр. Дзырдтæ ахуыргæнинæгтæн хъуамæ уой дзæбæх æмбæрстгонд, ма дзы уа, йæ растфыссынад бæлвырд кæмæн нæу, ахæм дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ. Кæд дзы разына, уæд та ахуыргæнæг æмбарын кæны сæ мидис, сæ растфыссынад фæйнæгыл фыстæй. Контролон диктант кæнын хъæуы иннæтæй стæмдæр. Зæгъæм, фæстаг хатт цы орфогра- фион раиртæст сахуыр кодтой, ууыл, кæнæ та, цавæрдæр темæ æнæхъæнæй куы сахуыр кæной, уæд. Контролон диктантæн хорз у баст текст — литературон æвзаджы домæнты аккаг. Ахуыргæнæг фыццаг хатт диктант сæрæй бынмæ бакæсы. Уый фæстæ сывæллæттæн амоны зынæмбарæн дзырдты ны- саниуæг, сæ растфыссынад цы дзырдтæн нæма ахуыр код- той, уыдон та фыссы фæйнæгыл (ис сын диктант бакæсыны размæ ныффыссæн дæр). Уый фæстæ ахуыргæнæг фыст кæсы хъуыдыйадгай. Фыццаг каст куы фæкæны, уæд æм ахуыргæнинæгтæ лæмбынæг байхъусынц. Дыккаг кастæн фыссын райда- йынц. Даргъ хъуыдыйæдтæ ахуыргæнæг кæсы хайгай. Фыст куы фæуой, уæд ма ахуыргæнæг хъуыдыйад но- джыдæр иу каст бакæны. 13
Диктант æнæхъæнæй кæронмæ фыст куы ’рцæуа, уæд ма йæ ахуыргæнæг сæрæй бынмæ ноджыдæр иу каст бакæны. Скъоладзаутæ кæсынц сæ тетрæдтæм, кæд æмæ рæдыд сса- рой, уæд æй раст кæнынц. ФЫСГÆ КУЫСТЫТÆН АРГЪ КÆНЫНЫ ÆМÆ БÆРÆГГÆНÆНТÆ ÆВÆРЫНЫ ÆГЪДÆУТТÆ Ранымад фысгæ куыстытæн аргъ кæнгæйæ, бæрæггæнæнтæ æвæргæйæ арæх ахуыргæнæг сæмбæлы алыхуызон дызæр- дыггæгтыл: рæдыдыл цы нымайын хъæуы, куыд æвзарын хъæуы рæдыдтытæ сæ хуызтæм гæсгæ, кæцытæ дзы сты сæйрагдæртæ, куыд сын банымайын хъæуы сæ нымæц æмæ а. д. Ацы къуылымпыдзинæдтыл ахуыргæнæг арæхдæр сæмбæлы, скъоладзаутæ кæй нæма ахуыр кодтой, æнæзонгæ сын чи у, ахæм дзырдты рæдыдтытæ куы вæййы, уæд. Уымæй уæлдай, хатгай зын раиртасæн вæййы рæдыды аххосаг: æнæрхъуыдыйæ уагъд æрцыд, æви нæ зоныны аххосæй. Цæмæй ахуыргæнæг ахæм уавæры ма ныссуйтæ уа, уый тыххæй йæ зонын æмæ зæрдыл дарын хъæуы: — фысгæ куыстыты цы рæдыдтытæ уа (фæнды орфогра- фион, фæнды пунктуацион), уыдон нымад цæуынц æмхуы- зон ахсджиагыл; — раст кæнын хъæуы æппæт рæдыдтытæ дæр (сырх пастæйæ, тетрады сырх хаххы фалæмæ сæ рахæсгæйæ); — рæдыдыл нымад цæуы растфыссынады æгъдæуттæй кæцыфæнды дæр фехалын: уæлдай дамгъæ, цухгонд дамгъæ, иу дамгъæйы æндæрæй аивд, дзырд иу рæнхъæй иннæмæ раст нæ рахæссын, дзырдтæ раст хуызы нæ сæвæрын æмæ а. д.; — æрхæцæн нысæнттæ æвæрыны æгъдæуттæй ахызт (æрхæцæн нысан фæуадзын, уæлдай æрхæцæн нысан сæвæрын, иу æрхæцæн нысаны бæсты æндæр сæвæрын æмæ а. д.); — нымад цæуынц куыд алыхуызон рæдыдтытæ, афтæ иухуызон (однотипные) рæдыдтытæ дæр; — бæрæггæнæн æвæргæйæ нымад нæ цæуынц æнæрхъуы- ды рæдыдтытæ (описки), стæй сывæллæттæ сæ растфыссы- над кæмæн нæ ахуыр кодтой, уыцы дзырдты рæдыдтытæ. 14
Иумæйагæй райдайæн скъолайы фысгæ куысты нымад цæуынц ахæм рæдыдтыты хуызтæ: орфографион, пунктуа- цион æмæ ныхасы рæдыдтытæ. Орфографион рæдыдтытæ сты тынг алыхуызон. Райдайæн скъолайы сæйрагдæр æвзæрст цæуынц: — хъæлæсонты растфыссынады рæдыдтытæ; — æмхъæлæсонты растфыссынады (зылангон, æзылангон, дæргъвæтин, ассимиляцигонд æмхъæлæсонты); — разæфтуанты æмæ фæсæфтуанты растфыссынады; — номдарты, миногонты, мивдисджыты, нымæцонты, номивджыты æмæ фæрсдзырдты растфыссынады; — вазыгджын дзырдты растфыссынады; — æрбайсгæ дзырдты растфыссынады; — стыр дамгъæйы растфыссынады æмæ æнд. Пунктуацион рæдыдтытæ сты æрхæцæн нысæнттæ раст- æвæрыны æгъдæуттимæ баст чи у, уыдон (æрхæцæн нысан кæм æмбæлы, уым æвæрд куы не ’рцæуы, кæнæ æнæхъуа- джы æвæрд куы ’рцæуы; иу æрхæцæн нысаны бæсты æндæр æвæрд куы ’рцæуы). Абзац дæр нымад у æрхæцæн нысаныл. Ныхасы рæдыдтытæм райдайæн скъолайы ахуырдзауты фысгæ куыстыты ахæссæн ис, æвзаджы домæнтæм гæсгæ раст арæзт чи нæ цæуы, ахæм дзырдарæзтон, грамматикон, син- таксисон хуызты æмæ арæзтты рæдыдтытæ. Скъоладзаутæ æвзаджы лексикон æмæ грамматикон мадзæлттæй архайын куы нæ фæзонынц, уæд равзæрынц ныхасы рæдыдтытæ. Ацы рæдыдтытæ дæр сты дыууæ хуы- зы: лексикон æмæ грамматикон. Райдайæн скъолайы ахуырдзауты ныхасы æмбæлынц ахæм лексикон рæдыдтытæ: — дзырд йæ бынаты æвæрд не ’рцæуы; — сæ бастдзинад кæрæдзийыл кæмæн нæ бады, ахæм дзырдтæ баиу кæнынц; — дзырд раст арæзт не ’рцæуы; — æнгом дзырдбаст сзыгъуыммæ кæнынц. Грамматикон рæдыдтытæ сæ хуызмæ гæсгæ сты морфо- логион æмæ синтаксисонтæ. 15
Морфологион рæдыдтытæ баст сты дзырдты морфологион хуызты ивынадимæ. Синтаксисон рæдыдтытæм ахæссæн ис: — дзырдты ’хсæн синтаксисон æмæ логикон бастдзинад кæм нæй, ахæм хъуыдыйæдтæ; — дзырдты кæнæ хъуыдыйæдты хæйтты рæнхъæвæрд раст кæм нæ вæййы, ахæм арæзттæ; — цухгонд дзырдтæ кæм вæййы, ахæмтæ; — уæлдай дзырдтæ кæм вæййы, ахæмтæ. Ныхасы аивдзинад цы рæдыдтытæ халынц, уыдон сты стилистикон. Фысты хъуыдытæ кæрæдзийыл æнгом бастæй раст фæткыл æвæрд куы нæ вæййынц, уæд равзæрынц логикон рæдыд- тытæ. Скъоладзауы куысты æмæ уацмысы мидис кæрæдзийыл куы нæ фæбадынц, уæд уый вæййы фактон рæдыды фæсти- уæг. ФЫСГÆ КУЫСТЫТÆ РАСТ КÆНЫНЫ МАДЗÆЛТТÆ Скъоладзауты куыстытæ раст кæнгæйæ ахуыргæнæг ар- хайы мæнæ ахæм мадзæлттæй: 1. Рæдыд хахгонд æрцæуы, йæ сæрмæ йын фæнысан кæ- нынц раст хуыз: здкта || . 2. Рæдыды бын хахгонд æрцæуы, тетрады сырх хаххы æдде та рæдыды бакомкоммæ æвæрд æрцæуы рæдыды хуыз бæрæггæнæн нысан: захта ||. Дзырд æнæхъæнæй дæр рæдыд фыст куы уа, уæд хахгонд цæуы зыгъуыммæ фыст дзырд, загъта йæ сæрмæ та фыст цæуы дзырды раст хуыз: ^кахтаг. 3. Рæдыд цы дзырды уагъд æрцыд, уый бын кæрæй- кæронмæ бахахх кæнынц, сырх хаххы æдде та рæдыдæн йæ хуыз фæнысан кæнынн: захта ||. 4. Рæдыды бын хахгонд нæ цæуы, афтæмæй рæнхъы кæрон, сырх хаххы æдде нысан кæнынц йæ хуыз: захта | . Скъоладзау уый фенгæйæ, хъуамæ йæхæдæг ссара æмæ сраст кæна йæ рæдыд. 16
Ацы мадзæлттæй райдайæн скъолайы хуыздæр сты фыц- цаг дыууæ. Фыццаг мадзал хорз уымæй у, æмæ ахуыргæнинагæн æх- хуыс у йæ рæдыдтытæ тагъд ссарынæн æмæ сæ ногæй раст ныффыссынæн, архайæн дзы ис тынгдæр лæмæгъ скъола- дзауты рæдыдтытæ раст кæнгæйæ. Дыккаг мадзалы фæрцы ахуыргæнæг сывæллонæн амоны йæ рæдыд, йæхицæн ын фадат дæтты йе сраст кæнынæн. Æртыккæгæм æмæ цыппæрæм мадзæлттæй архайæн ис æрмæст тыхджын скъоладзауты куыстытæ раст кæнгæйæ. Рæдыдтыты хуызтæ сырх хаххы æдде нысангонд цæуынц афтæ: Орфографион рæдыд — I; Пунктуацион рæдыд — V; Ныхасы рæдыд — Н; Логикон рæдыд —Л; Фактон рæдыд — Ф; Ног абзац — 2; Уæлдай дзырд — [ ]; Дзырд уагъд æрцыд — V Дзырдты рæнхъæвæрд раст нæу — 1, 2, 3...; Хъуыдыйады мидисæн бамбарæн нæй — ?.. Орфографион æмæ пунктуацион рæдыдтыты бын хъæуы иу кæнæ дыууæ раст хаххы, ныхасы æмæ иннæ хуызы рæдыд- тыты бын та — уылæнтæ хахх. Орфографион рæдыдтыты ’хсæн ис тынг (грубые), чысыл (негрубые) æмæ æнæрхъуыды рæдыдтытæ (описки). Раздæр орфографион æгъдауыл йæ растфыссынад кæмæн ахуыр кодтой, ахæм дзырды рæдыд нымад у тынг рæдыдыл. Чысыл рæдыдтытæ сты: а) æнæрхъуыды рæдыдтытæ (иу мыр æндæр мырæй куы баивынц, дамгъæ куы фæуадзынц, дзырд кæронмæ фыст куы не ’рцæуы æмæ æнд); æ) сæ растфыссынад кæмæн нæма ахуыр кодтой, уыцы дзырдты рæдыдтытæ; б) фиппаинæгтæм цы дзырдты растфыссынæдтæ хауы, уыдоны рæдыдтытæ; в) дзырд иу рæнхъæй иннæмæ хæссьшд.зщ^дауыл рæдыдтытæ; 17
г) æрбайсгæ дзырдты растфыссынады рæдыдтытæ; гъ) иу æрхæцæн нысаны бæсты æндæр куы уа, кæнæ чи баиу вæййы, уыцы æрхæцæн нысæнттæй иу цухгонд куы уа, кæнæ сæ бынæттæ ивд куы ’рцæуой; д) дамгъæ «æ»-йы бæсты «а» фыст куы уа; дз) «дз»-йы бæсты «з», «з»-йы бæсты «ж», «ц»-йы бæсты «с», «с»-йы бæсты «ш»; дж) къ, пъ, тъ, хъ, цъ, чъ-йы бæсты к, п, т, х, ц, ч фыст куы ’рцæуы æмæ æнд. Фысгæ куыстыты растгонд цæуынц рæдыдтытæ иууылдæр, фæлæ бæрæггæнæн æвæргæйæ се ’ппæт нымады нæ цæуынц. Уыдон сты ахæм орфографион æмæ пунктуацион рæдыдтытæ: 1) орфографи æмæ пунктуацийæ æппындæр цы нæма ахуыр кодтой скъоладзаутæ, уымæй; 2) хъуыдыйады кæрон стъæлф куы нæ уа, фæлæ иннæ хъуыдыйады фыццаг дзырд стыр дамгъæйæ фыст куы уа; 3) иу дзырды бæсты æндæр дзырд фыст куы уа, йæ ныса- ниуæг ын нæ аивгæйæ; 4) дзырд иу рæнхъæй иннæмæ хæсгæйæ уидагæй æмхъæлæсон атонын, кæд йæ уæнгтыл дихдзинад нæ фехæлд, уæд æмæ а. д. Дзырды иухуызон рæдыд цалдæр хатты куы фембæла, уæд æй банымайын хъæуы иуыл. Дыууæ чысыл рæдыды дæр нымайын хъæуы иуыл. Иухуызон (однотипные) рæдыдтытæй æртæйы онг нымад сты иу рæдыдыл, иннæ иухуызон рæдыдтытæй дарддæр ал- кæцыдæр нымад у хицæн рæдыдыл. Фысгæ куыстытæн аргъгонд цæуы канд рæдыдтыты нымæцмæ гæсгæ нæ, фæлæ фысты аивдзинад, куысты бæрцмæ гæсгæ. Диктантæн æвæрын хъæуы иу бæрæггæнæн, кæд æмæ ма йемæ грамматикон хæс уа, уæд та — дыууæ: диктантæн хицæн бæрæггæнæн, грамматикон хæслæвæрдæн дæр афтæ. Фиппаинаг. Контролон диктантæй хъауджыдæр иннæ дик- танттæ хауынц æрвылбоны ахуыргæнæг (обучающие) куыс- тытæм. Уымæ гæсгæ уыдонмæ кæсын хъæуы ноджы лæмбынæгдæр æмæ зæрдиагдæрæй. Ацы куыстытæн аргъ кæнгæйæ хынцын хъæуы: 1) ахуыргæнинаг йæ куыст æнæ искæй æххуысæй сæххæст кæнынмæ цас сарæхст; 18
2) фысгæ куыст цы темæйыл у, уый æнæхъæнæй ахуыр кодтой раздæр, æви æрмæст йæ кæцыдæр хай; 3) куыстæн йæ бæрц, йæ аивдзинад, сыгъдæгдзинад; 4) каллиграфийы æгъдæуттæ цас æххæстгонд æрцыдысты. КОНТРОЛОН ФЫСГÆ КУЫСТЫТЫ БÆРÆГГÆНÆНТÆ Контролон диктант Фыццаг къласы контролон диктантæн нывæрын æмбæлы дзыхæйдзургæ бæрæггæнæн. 2—4 кълæсты контролон диктантæн бæрæггæнæн æвæрд цæуы мæнæ ацы бæрцбарæнтæм гæсгæ: Бæрæггæнæн «5» æвæрд цæуы æнæрæдыд, каллиграфимæ гæсгæ раст, аив фыст диктантæн, иу чысыл орфографион кæнæ пунктуацион. рæдыд дзы куы уа, уæддæр. Бæрæггæнæн «4» æвæрд цæуы, дыууæ орфографион кæнæ дыууæ пунктуацион рæдыдæй фылдæр кæм нæ уа, ахæм дик- тантæн, кæнæ та æппæт куыст аив фыст нæу, ис дзы иу ор- фографион æмæ дыууæ пунктуацион рæдыды, стæй срастгæндтæ æмæ каллиграфион аиппытæ. Бæрæггæнæн «3» æвæрд цæуы æртæ-фондз орфографион кæнæ æхсæз пунктуацион, йе та æртæ орфографион æмæ цыппар пунктуацион, дыууæ орфографион æмæ фондз пунк- туацион, цыппар орфографион æмæ цыппар пунктуацион, науæд фондз орфографион рæдыдæн. Бæрæггæнæн «2» æвæрд цæуы, æхсæз орфографион рæдыдæй фылдæр кæм уа, ахæм куыстæн. Уæлæмхасæн (грамматикон) хæслæвæрд Бæрæггæнæн «5» æвæрд цæуы, хæслæвæрдтæ иууылдæр раст æххæстгонд куы уой, уæд. Бæрæггæнæн «4» æвæрын æмбæлы, хæслæвæрдтæн сæ 3/4 хай æххæстгонд куы уа, уæд. Бæрæггæнæн «3» æвæрын æмбæлы, хæслæвæрдтæн сæ 1/2 хай æххæстгонд куы уа, уæд. Бæрæггæнæн «2» æвæрын хъæуы, хæслæвæрдтæн сæ фылдæр хай æххæстгонд куы нæ уа, уæд. 19
Фиппаинаг. Уæлæмхасæн хæслæвæрд æххæст кæнгæйæ ахуыргæнинаг орфографион æмæ пунктуацион рæдыдтытæ куы ’руадза, уæд уыдон дæр банымайын хъæуы диктанты рæдыдтытимæ иумæ. Рæдыдтыты нымæц нысангонд цæуы афтæ: 1/2 — орф./пункт., кæнæ та орф.— 1 пункт.— 2. ЧИНЫГÆЙ КÆНÆ ФÆЙНÆГÆЙ РАФЫССЫН Ахæм куыстæн æвæрд цæуы: Бæрæггæнæн «5» — кæд дзы растгонд бынæттæ нæ уа, каллиграфион æгъдауæй раст æмæ сыгъдæг фыст уа. Бæрæггæнæн «4» — кæд дзы уа (1 къл.) иу — дыууæ рæды- ды кæнæ иу растгонд бынат, 2—4 къл. та иу рæдыд æмæ иу растгонд бынат. Бæрæггæнæн «3» — æртæ рæдыды æмæ иу растгонд бынат (1 къл.); дыууæ рæдыды æмæ иу растгонд бынат (2—4 къл.); Бæрæггæнæн «2» — цыппар рæдыды (1 къл.); æртæ рæды- ды æмæ иу — дыууæ растгонд бынаты (2—4 къл.). Дзырдуатон диктанты бæрæггæнæнтæ: Бæрæггæнæн «5» æвæрд цæуы æнæрæдыд фыстæн. Бæрæггæнæн «4» æмбæлы иу — дыууæ рæдыдæн. Бæрæггæнæн «3» — æртæ — цыппар рæдыдæн. Бæрæггæнæн «2» — фондз — авд рæдыдæн. Фиппаинаг. Ацы бæрæггæнæнты бæрцбарæнтæй архайын уæлдай хорз у æртыккæгæм — цыппæрæм кълæсты. Ахæм диктанты хъуамæ уа: Фыццаг къласы ахуыры азы фыццаг æмбисы дыууын-дыу- уын фондз дзырды, азы кæрон та — æртын фондз-цыппор; Дыккаг къласы цыппор фондз-фæндзай æмæ фæндзай фондз-æхсай; Æртыккаг къласы æхсай фондз-æвдай æмæ æвдай фондз- æстай; Цыппæрæм къласы æстай фондз-нæуæдз; нæуæдз фондз- сæдæ фондз дзырды. Дзырдуатон диктантæн æмбæлы: Фыццаг къласы — аст-дæс дзырды; Дыккаг къласы — дæс-дыууадæс; 20
Æртыккаг къласы — дыууадæс-фынддæс; Цыппæрæм къласы — фынддæс-æстдæс дзырды. Чиныгæй кæнæ фæйнæгæй рафыссынæн хъæуынц, куыд хибар хъуыдыйæдтæ, афтæ цыбыр баст текст, скъоладзаутæн зонгæ чи у, ахæм дзырдтæ æмæ грамматикон формæтæй арæзт. Рафыссынæн цы текст лæвæрд цæуа, уымæн бæрцæй афæдзы кæронмæ æмбæлы: Фыццаг къласы — дыууæ-æртæ хъуыдыйады (дæс- фынддæс дзырды); Дыккаг къласы — цыппар-фондз (дыууын-æртын дзыр- ды); Æртыккаг къласы — æхсæз-авд (æртын-цыппор дзырды); Цыппæрæм къласы — аст-фараст хъуыдыйады (цыппор- фæндзай дзырды). Афæдзы дæргъы æмбæлы скæнын: Фысгæ куысты хуызтæ Диктант (грамм. хæслæв.) Текст рафыссынæн 1 къл. I æмб. — 1 II æмб. 1 2 2 къл. I æмб. 4 2 II æмб. 5 2 3 къл. I æмб. 5 1 II æмб. 4 2 4 къл. I æмб. 4 1 II æмб. 6 1 ФÆРСТЫТÆН ФЫСГÆ ДЗУАППЫТÆ РАТТЫН Ацы куысты хуыз фылдæр кæнын æмбæлы 3—4 кълæсты. Уый фæрцы ахуыргæнæг сбæрæг кæны: 1) ахуыргæнинаг фысты (тексты) мидис цæйбæрц зоны æмæ æмбары; 2) куыд арæхсы хъуыдыйæдтæ аразынмæ, кæрæдзийы фæдыл сæ равæрынмæ; 3) куыд сарæхсти æнæ искæйы æххуысæй фæрстыты ми- дис, сæ бæлвырддзинад раргом кæнынмæ. Ацы куыст кæнгæйæ скъоладзаутæн раттæн ис, кæй зо- нынц, ахæм фыст (текст), кæнæ цардæй ист цау. Бакæнæн ын ис нывмæ гæсгæ дæр, йе та, кæй федтой ахуыргæнинæгтæ, ахæм кинонывы мидисмæ гæсгæ. Фæрстытæ зонгæ куы вæййынц, уæд сæ дзуаппытæ дæр вæййынц баст, ома хи ныхæстæй радзурыны хуызæн. 21
Иу хъуыддаджы фæдыл фæрстытæн та сæ дзуаппытæ хæстæгдæр вæййынц уацмысы мидис хи хъуыдытæй ныф- фыссынмæ. Фæрстытæн цы дзуаппытæ лæвæрд цæуа, уыдон хъуамæ асæй иумæ уой алы къласы дæр диктанты асмæ хæстæг. Æртыккаг къласы раттæн ис фондз — авд фарсты, уыдонæй алкæмæн дæр йæ дзуапп хъуамæ хæццæ кæна аст — дæс дзырды онг, ома дыууæ хъуыдыйады; Цыппæрæм къласы раттæн ис аст — дæс фарсты, алы фарстæн дæр йæ дзуапп фараст — иуæндæс дзырдæй куыд уа, кæнæ та дыууæ — æртæ хъуыдыйадæй. Ацы куыстæн аргъгонд цæуы ахæм æууæлтæм гæсгæ: 1) дзуапп йæ мидисмæ гæсгæ цас раст, бæлвырд æмæ æххæст у; 2) ныхасы аивдзинад; 3) куысты хъуагдзинæдтæ цæйбæрц ис, ома орфографион æмæ пунктуацион рæдыдтытæ. Ацы куысты хуызæн æвæрын хъæуы иу бæрæггæнæн. Бæрæггæнæн «5» æвæрд цæуы, кæд æмæ æппæт фæрстытæн дæр раст дзуаппытæ уа, уæвæн ис иу ныхасы кæнæ иу ор- фографион рæдыдæн. Бæрæггæнæн «4» æвæрд цæуы, кæд æмæ куысты æппæт фæрстытæн дæр раст дзуаппытæ уа, фæлæ дзы уагъд æрцæуа дыууæ — æртæ ныхасы рæдыдтытæ, æртæ орфографион æмæ дыууæ пунктуацион рæдыды, йе та дзы дыууæ — æртæ дзуап- пы мидæг уа æрмæст мидисырдыгæй æбæлвырддзинæдтæ (не- точности). Бæрæггæнæн «3» сæвæрæн ис, кæд æмæ бæрæг у, ахуыр- гæнинаг фæрстытæн дзуаппытæ дæттынмæ кæй арæхсы, фæлæ йæ куысты æруагъта цыппар — ныхасы, фондз — орфогра- фион, цыппар — пунктуацион рæдыдтытæ. Бæрæггæнæн «2» æвæрд цæуы ахæм куыстæн, кæцыйы æппæт дзуаппытæн се ’рдæг раст нæ уа, рæдыдтытæ уагъд куы уа, куыд йæ мидисы, афтæ йæ растфыссынады дæр (фондз — орфографион, æхсæз — пунктуацион рæдыды). 22
РАЙДАЙÆН КЪЛÆСТЫ СОЧИНЕНИ ÆМÆ ИЗЛОЖЕНИ ФЫССЫНЫ ДОМÆНТÆ ÆМÆ УЫДОНÆН БÆРÆГГÆНÆНТÆ ÆВÆРЫНЫ БÆРЦБАРÆНТÆ Сочинени æмæ изложенийы фæрцы ахуыргæнæг сбæрæг кæны: 1) ахуыргæнинæгтæ сæ хъуыдытæ раст æмæ фæд-фæдыл зæгъынмæ куыд арæхсынц; 2) сæ ныхасы рæзт цас хорз у; 3) æвзаджы фæрæзтæй архайынмæ куыд арæхсынц; 4) ныхас цæй фæдыл у, уый раргом кæнынмæ та, æмæ а. д. Сочинени æмæ изложенийы мидисæн аргъгонд цæуы ахæм æууæлтæм гæсгæ: 1) ахуыргæнинаджы куыст, цы йын бахæс кодтой, уымæ гæсгæ у æви нæ, сæйраг хъуыды куыд райхæлдта; 2) фысгæ куыстæн йæ мидис цæйбæрц раст у; 3) скъоладзау йæ хъуыдытæ ныффыссынмæ куыд сарæхст, бастдзинад дзы ис? Уымæй уæлдай сочинени æмæ изложенийæ бæрæггæнæнтæ æвæргæйæ хынцын хъæуы: ахуыргæнинагæн — йе ’взаг цас хъæздыг у; — йæ ныхасы аивдзинад, грамматикон арæзт, æвза- джыхъæд; — фысгæ ныхасы хъуагдзинæдтæ, ома орфографион æмæ пунктуацион рæдыдтытæ. Сочинени æмæ изложенийæ æвæрын хъæуы дыууæ бæрæггæнæны. Фыццаг бæрæггæнæн — куысты мидис æмæ ныхасы арæзтæн, дыккаг та — растфыссынадæн: 4/5; 5/4. Дыууæ бæрæггæнæны дæр хауынц æвзаг зонынмæ, къласы журналы дæр сæ æвæрын хъæуы «æвзаджы» фарсыл. Фæлæ сочинени кæнæ изложени литературæйæ бæлвырд зонын- дзинæдтæ сбæрæг кæныны тыххæй фыст куы уой, уæд сæ фыццаг бæрæггæнæнтæ хауынц литературæмæ, æвæрын дæр сæ ’мбæлы журналы уыцы фарсыл. Сочиненитæ æмæ изложениты рæдыдтыты нымæц хынцын хъæуы афтæ: орф.— 2, пункт.—4, ныхасы — 1, ома ацы со- чинени кæнæ изложенийы орфографион рæдыдтытæ ис дыу- уæ, пунктуационтæ — цыппар, ныхасы рæдыдтытæ та — иу. 23
1—2 кълæсты нымад цæуынц æрмæст орфографион рæдыд- тытæ, 3—4 кълæсты та орфографионтæ дæр æмæ пунктуа- ционтæ дæр. Райдайæн кълæсты изложениты ас хъуамæ уа диктанттæй стырдæр: 1 къласы цыппор-фæндзай дзырды, 2 къласы æхсай-æвдай, 3 къласы æстай-нæуæдз, 4 къласы сæдæ-сæдæ дыууын дзырды. Сочиненитæн асæй уæвæн ис: 1 къласы дыууын-æртын дзырды (фондз-æхсæз хъуыдыйа- ды), 2 къласы цыппор-фæндзай дзырды (фараст-дæс хъуыдыйа- ды), 3 къласы æхсай-æвдай дзырды (иуæндæс-дыууадæс хъуы- дыйады), 4 къласы æстай-нæуæдз дзырды (æртындæс-цыппæрдæс хъуыдыйады). 1—4 кълæсты ахуыргæнинæгтæн изложени фыссын амонын 1 кълас Изложенийыл кусгæйæ скъоладзау ахуыр кæны хуымæтæг хъуыдыйæдтæ аразыныл, уыцы хъуыдыйæдтæ, дзырдтæ кæрæдзи фæдыл раст равæрыныл, хуымæтæг хъуыдыйæдтæ кæрæдзийæ хицæн кæныныл æмæ сæ фæстæ стъæлф æвæры- ныл. Ахуыргæнæджы размæ æвæрд ис ахæм хæс, цæмæй скъо- ладзау базона пъланмæ гæсгæ изложени фыссын. Уый тыххæй хъуамæ зона пъланы фыст фæрстытæ кæсын æмæ сын дзуапп дæттын. Фысгæ та хъуамæ кæна æрмæстдæр ахæм дзырдтæ, сæ хъуыды æмæ сæ растфыссынад дзæбæх кæмæн зона. Изложенитыл кусыны фыццаг фæлтæрæн кæддæриддæр хъуамæ фыст уа фæйнæгыл. Уый æнцондæр кæны фысси- наджы мидисыл куыст. Фæстæдæр та йыл кусæн ис текстмæ æнæхъæнæй байхъусгæйæ. 24
Фыссыны размæ ахуыргæнæг сбæрæг кæны куысты æнæмбаргæ, кæнæ зынæмбарæн дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ, бæстон сæ бамбарын кæны кæнæ нывты æххуысæй, кæнæ синонимтæй æмæ а. д. Куыст рагацау фæйнæгыл фыст кæй цæуы, уый сывæллæттæн æххуыс у: 1) иуæй-иу зынфыссæн дзырдты растфыссынад бахъуыды кæнынæн; 2) алы хъуыдыйад дæр цал дзырдæй арæзт у, уый базонынæн; 3) кæцы дзырдтæ дзы сты ног кæнæ æнæмбаргæ, уый раиртасынæн; 4) цы ног раиртæст сахуыр кодтой, кæнæ кæй зонынц, уыдонмæ дзы кæцы дзырдты растфыссынад хауы æмæ а. д. Изложени фыссыны размæ ма ахуыргæнæг сабыргай бакæсы текст. Уый фæстæ йæ хинымæр бакæсын кæны ахуыргæнинæгтæн. Хуыздæр чи кæсы, уыдонæй — ма йæ иу-дыууæ аив бакæсдзысты, стæй фыссын райдайд- зысты. Хорз у ахуырдзауты, цы ныффыстой, уый хи ныхæстæй дзурыныл фæцайдагъ кæнын дæр. 2 кълас Дыккаг къласы цы изложенитæ фыст цæуынц, уыдонæн адих кæнæн ис дыууæ къордыл. Фыццаг къордæн лæвæрд цæуы цæттæ пълан. Дыккаг къорды изложенитæн скъола- дзаутæ пълан аразынц сæхæдæг, ахуыргæнæджы ’ххуысæй. Раздæр кусæн ис фыццаг къорды изложенитимæ, ома цæттæ пълан кæм ис, уыдонимæ, стæй та сабыргай дыккаг къорды изложенитæм рахизæн. Ахуыргæнинæгтæ пълан арæзт куы фæуой, уæд уымæ гæсгæ уацмысы мидис дзурынц хайгай, стæй та æнæхъæнæй дæр. Фæстагмæ пълан аразгæйæ куыст фæйнæгыл фыст нал фæцæуы (зын дзырдтæ йедтæмæ). Скъоладзаутæ хъусынц ахуыр- гæнæджы кастмæ, бахъуыды кæнынц уацмысы мидис, йæ архæйдтытæ кæрæдзи фæдыл куыд цæуынц, уымæ гæсгæ, æмæ йын пълан аразынц дзургæйæ. Хуыздæр сæргæндтæ ахуыр- гæнæг фыссы фæйнæгыл дзырд «Пълан»-ы бынмæ, уый фæстæ сын фарстгай дзуапп дæттынц уацмысы мидисмæ гæсгæ. Фæстагмæ йæ пъланмæ гæсгæ дзурынц æнæхъæнæй. Уый фæстæ фыссын райдайынц. 25
3—4 кълæстæ Ам куыст бирæ фæзындæр вæййы. Ахуыргæнæг алыхуы- зон мадзæлттæй архайы, цæмæй скъоладзаутæ фылдæр фы- дæбон кæной сæхæдæг, рæза сæ хъуыдыкæнынад, ахуыр кæной æнæ искæй æххуысæй кусын. Изложениты хуызтæм ма 3—4 кълæсты бафты ногтæ: цыбыргонд изложени æмæ хибарæй конд пъланмæ гæсгæ фыст. Уымæй уæлдай 3—4 кълæсты хъуамæ фыссой контролон изложенитæ дæр. Изложенийыл кусыны пълан (дæнцæгæн) 1. Цыбыр аныхас урочы райдианы. 2. Ахуыргæнæг кæсы изложенийы текст. 3. Беседæ тексты мидис бамбарыны тыххæй. 4. Дзырдуатон куыст (ног дзырдты нысаниуæг бамбарын кæнын, сæ растфыссынад сын бацамонын). 5. Пълан саразын изложенийы текстмæ гæсгæ. 6. Текст ногæй бакæсын æмæ йæ хи ныхæстæй дзурын. 7. Изложени фыссын. 8. Изложенийы рæдыдтытæ раст кæнын. 1—4 кълæсты ахуыргæнинæгтæн сочинени фыссын амонын 1—2 кълæстæ Сочинени фыссын скъоладзаутæн амонын хъæуы фыццаг къласæй фæстæмæ. Уый райдайын æмбæлы бынтон хуымæ- тæджы: ахуыргæнæг чиныджы нывтæм гæсгæ фæрсы сывæл- лæтты, уыдон ын дæттынц дзуапп, архайынц сæ хъуыдытæ кæрæдзийыл бæттыныл, уыдонæй текст саразыныл. Дзургæ сочиненитæ сты фыссынмæ бацæттæгæнæн куыс- тытæ. Пайда сты сывæллæтты ныхасы культурæ хъæздыг кæнынæн дæр. Сочиненийæн цы темæ лæвæрд цæуа, ууыл фыццаг баку- сын фæхъæуы дзургæйæ, къласы, иумæйаг æгъдауæй. Сывæллæттæн æххуыс кæны ахуыргæнæг йæхæдæг дæр, уæлдайдæр, иумæйаг темæйыл куы фыссой, уæд. Ацы кълæсты сывæллæтты фæцалх кæнын хъæуы пълан 26
аразыныл дæр. Фæлæ, зæгъæм, 2 къласы ахуыргæнинæгтæн сæ царды цы цаутæ æрцыди, уыдоныл ныффыссын сын хæсгонд куы цæуа, уæд сæ алы хатт пълан аразын ницæмæн хъæуы. Уый сæ хъыгдары сæ хъуыдытæ сæхи куыд фæнды, афтæ, лæгъзæй ныффыссынмæ. 3—4 кълæстæ Ам ныхасы рæзтыл куыст фæхъæздыгдæр вæййы. 3—4 кълæсты ахуыргæнинæгтæ хуыздæр базонынц литературон ныхасы домæнтæ æмæ бæлвырд хъуыддаджы фæдыл фысси- наджы пълан хихъæппæрисæй аразынмæ фæрæвдздæр вæййынц. Сочинениты темæтæ хъуамæ уой алыхуызон, стæй сывæллæттæн сæ кармæ гæсгæ. Кусын сыл хъæуы бæлвырд фæткмæ гæсгæ. Изложени фысгæйæ кæд скъоладзау искæйы хъуыдытæ фæдзуры, уæд сочиненийы та фæфыссы æрмæст йæхи хъуы- дытæ. Уæдæ сочинени фысгæйæ 3 — 4 кълæсты ахуыргæ- нинæгтæ рæвдздæр вæййынц сæхи хъуыдытæ равдисынмæ, раргом дзы вæййынц алкæмæн дæр йæ хъуыдыкæнынады миниуджытæ. Сочиненийыл кусыны пълан 3—4 кълæсты (дæнцæгæн) 1. Беседæ. Цæмæй сывæллæттæ бамбарой, цы фысдзыс- ты, уый мидис. 2. Кæд нывмæ гæсгæ сочинени у, уæд ахуыргæнинæгтæн равдисын ныв. 3. Ахуыргæнæджы фæрстытæм гæсгæ ныв равзарын. 4. Дзырдуатон куыст. 5. Нывмæ гæсгæ иумæйагæй пълан скæнын. 6. Пъланмæ гæсгæ сочинени дзурын. 7. Орфографион æгъдауæй сочинени фыссынмæ бацæттæ кæнын. 8. Сочиненийæн сæргонд æрхъуыды кæнын. 9. Сочинени ныффыссын. 10. Цы ныффыстой, уыдон ма ноджыдæр иу хатт сбæлвырд кæнын. 27
СОЧИНЕНИТÆ ÆМÆ ИЗЛОЖЕНИТЫ БÆРÆГГÆНÆНТÆ Бæрæггæнæн «5» æвæрд цæуы: а) йæ мидис æмæ ныхасы арæзтмæ гæсгæ: — куысты мидис авторы текстимæ æмæ темæимæ бады, æрмæгæн йæ мидис логикон æгъдауæй раст хæлд цæуы, йæ дзырдуат у хъæздыг, йæ куысты нæй ныхасы рæдыдтытæ (уæвæн ис иу хъуагдзинадæн мидисырдыгæй кæнæ ныхасы хæрзхъæддзинадырдыгæй); æ) растфыссынадмæ гæсгæ: — орфографион æмæ дзы пунктуацион рæдыдтытæ нæй; Бæрæггæнæн «4» æвæрд цæуы: а) йæ мидис æмæ ныхасы арæзтмæ гæсгæ: — куысты мидис авторы текстимæ бады, дзуапп дæтты темæйæн; — логикон бастдзинады ис хъæндзинæдтæ; — æвзаджы аивдзинад у рæвдз, ис дзы æрмæст чысыл хъæндзинæдтæ; — уæвæн дзы ис иу-дыууæ хъуагдзинадæн мидисырдыгæй, дыууæ — æртæ та-ныхасыхъæдырдыгæй; æ) растфыссынадмæ гæсгæ: — уæвæн дзы ис дыууæ орфографион æмæ иу пунктуаци- он кæнæ та иу орфографион æмæ æртæ пунктуацион рæдыд- тытæн. Бæрæггæнæн «3* æвæрд цæуы: а) йæ мидис æмæ ныхасы арæзтмæ гæсгæ: — ис дзы, авторы фыст æмæ уацмысы мидисмæ чи нæ хауы, ахæм хъуыдытæ, ныхæстæ; — иуæй-иу бынæтты логикон бастдзинад нæй; — йæ дзырдуат у куынæг; — ныффыста, æндæр нысаниуæг кæмæн ис, ахæм дзырдтæ; — ис дзы иу-фондз хъуагдзинады куыд мидисырдыгæй, афтæ ныхасырдыгæй дæр. æ) растфыссынадмæ гæсгæ: — уæвæн дзы ис æртæ — фондз орфографион æмæ иу- дыууæ пунктуацион рæдыдæн; Бæрæггæнæн «2» æвæрд цæуы: а) йæ мидис æмæ ныхасы арæзтмæ гæсгæ: 28
— куыстæн авторы текст æмæ темæимæ æппындæр ницы бастдзинад ис; — хъуыдыты ’хсæн бастдзинад нæй; — йæ дзырдуат у тынг мæгуыр; — йæ хъуыдыйæдтæ сты иу уагыл арæзт, бирæ дзырдтæ дзы сæхи нысаниуæджы не ’мбæлынц; — мидис æмæ хæрзхъæддзинадырдыгæй рæдыдтытæ сты æхсæзæй уæлæмæ. æ) растфыссынадмæ гæсгæ: — ис дзы фондз орфографион æмæ æртæ — цыппар пунк- туацион рæдыдæй фылдæр. Фиппаинаг. Сочиненийæн бæрæггæнæн æвæргæйæ хынцын хъæуы, ахуыргæнинаг ын йæ хъуыды йæхæдæг æрхъуыды кодта æви искæй æххуысæй; йæ ныхасы арæзт цас арæхст- джын у; аив хъуыдытæ дзы ис, æви нæ. Сочиненитæ æмæ изложенитæ афæдзы дæргъы æмбæлы скæнын: Кълæстæ 1 кълас 2 кълас 3 кълас 4 кълас Изложени 1ч. II ч. III ч. IV ч. — — 1 1 2 12 2 2 2 3 3 2 3 3 3 Сочинени I ч. II ч. III ч. IV ч. — — 1 2 12 2 3 2 2 3 2 2 2 2 2 Фиппаинаг. Контролон куысты хуызы скæнæн ис: иу из- ложени æртыккаг къласы, дыууæ изложенийы та цыппæрæ- мы.
СÆРГÆНДТÆ Разныхас 3 Кæсыны алы хуызтæ райдайæн кълæсты 5 Райдайæн кълæсты кæсыны фæлтæрддзинад 8 Кæсыны тагъддзинад 1—4 кълæсты 9 Кæсыны фæлтæрддзинадæн аргъ кæныны æмæ бæрæггæнæнтæ æвæрыны бæрцбарæнтæ 9 Фысгæ куыстыты хуызтæ райдайæн скъолайы æмæ сæ методикæ 11 Фысгæ куыстытæн аргъ кæныны æмæ бæрæггæнæнтæ æвæрыны æгъдæуттæ 14 Фысгæ куыстытæ раст кæныны мадзæлттæ 16 Контролон фысгæ куыстыты бæрæггæнæнтæ 19 Чиныгæй кæнæ фæйнæгæй рафыссын 20 Фæрстытæн фысгæ дзуаппытæ раттын 21 Райдайæн кълæсты сочинени æмæ изложени фыссыны домæнтæ æмæ уыдонæн бæрæггæнæнтæ æвæрыны бæрцбарæнтæ ... 23
Учебно-методическое издание ПАГИЕВА ЗАРЕМА АЛЕКСАНДРОВНА Нормы, оценки знаний, умений и навыков учащихся 1-4 классов по осетинскому языку и чтению • Технический редактор Б. Т. Бесаева Художник Т. Ф. Алипченкова Корректоры А. Ф. Годжиева, М. М. Хозиева
Сдано и набор 19 03 2002 Подписано к печати II 04 2002 ЛР № 020762 Формат бумаги 60 х 84 '/„, Бум офс № 1 Гарн шрифта Школьная. Печать офсетная Усл. п. л 1,86. Учетно-изд листов 1,39. Тираж 1000 экт Заказ№ 1543 С II Республиканское издательско-полиграфическое предприятие им. В А Гассиеиа Комитета РСО—Ллания по печати и делам издательств. 362011, г Владикавказ, ул Тельмана, 16.