Text
                    СИТОХАТЫ САЛАМДЖЕРИ
НОМ
Радзырдтæ астæуккаг кары
сывæллæттæн
ЧИНЫГУАДЗÆН «ИР»
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1986


840сет С54 Ситохаты С. С 54 Ном: Радзырдтæ астæуккаг кары сывæллæт- тæн. — Орджоникидзе: Ир, 1986. —44 с. Снтохов С. Имя. 5 к. Жинут по соссдству два мальчнка. Оба носят имя Теппо. Стар- шии—озорноп, неиослушный. Однажды мать младшего Тепно ска- зала: «Наш сосед позорит свое имя. Придется сына назвать по- другому». 06 этом узнало все село. II озорник дал слово нс- ираииться. В других рассказах автор говорнт о доброте, смелости детей. 4803010200-34 С 53—86 840сет М131(03)—86 © Издательство «Ир», 1986-
СЫРХ ХÆДОН Уылыби хæстмæ ацæуыны размæ йæ лæппу Дудик- кæн балхæдта сырх хæдон æмæ къепкæ. Хæдон йæ зæр- дæмæ уæлдай тынгдæр фæцыд, чи зоны, сырх кæй уыд, уый тыххæй. Æмæ сырх дæр сырхы хуызæн куы уыда- ид. Цæстытæ йæм нæ лæууыдысты. Лæппу-иу æй арæх акодта йæ уæлæ. йæ фыдымад Дыдтайы дæр фæндыд, уыцы хæдон куы дардтаид, уый. Куы-иу æй бахъуыд, уæд-иу æй лæппуты ’хсæн дардмæ дæр ауыдта, кæд цæстæй рæвдз нал уыд, уæддæр. Стæй сын сæ хъæу немыц куы бацахстой, уæд ын æй Дыдта дæр æмæ йæ мад Кæлимæт дæр дарын нал уагътой. — Мæ къона, немыцæгтæ сырх дзаум’а нæ уарзынц, æвæццæгæн, нæ тырысатæ сырх кæй сты, уымæн,— загь- та иубон Дыдта. — Знон дæм немыцаг офицер куыд мæ- стыхуызæй каст! — Дыдта, нæхиуæттæн та æхсызгон вæййы, ацы хæдон мыл куы фенынц, уæд. — Кæмæн иæхиуæттæн? Сыхæгтæй зæгъыс? г
— О. Стæй... Иурайсом, уæртæ цæхæрадоны нык- кæндæй куы схызтæн, уæд... Уæд нæ хæдтæхджытæ кæмдæр немыцæгтыл бомбæтæ æркалдтой, æмæ... фæс- тæмæ куы æрбацæйтахтыст’ы, уæд сæ иу йæхи ныллæг- дæр æруагъта, æмæ мæм дзы иу лæг йæ къух дыууæ хатты фæтылдта. Сырх хæдон мыл кæй уыд, уый йын æхсызгон уыд. — О гормон, кæд дæм додой кодта, ома дæ хæдон ралас, науæд дæ фыдбылызы баппардзæн. — Нæ, нæ, Дыдта, æхсызгон ын уыди... — Дæу ничи басæтдзæн. Нывæрæм уал æй. Уый- фæстæ йæ дардзынæ. — Кæд ма? — Мæнæ не ’фсæдтæ ацы æиаккæгты куы атæрой, уæд. — Æмæ уый кæд уыдзæн? — Тагъд. Бабыхс-ма иучысыл. Фыдлæг æмæ фыд- бон бирæ иæ хæссынц. Цу, уæртæ дæ мад гæрстæ ’хсы æмæ йæ уымæ авæр. Кæлимæт гæрстæ ’хсад куы фæци, уæд сæ, кæрты дыууæ тута бæласмæ цы бæттæн баст уыд, ууыл айтыгъ- та. Лæппуйы хæдон та хæдзары бандоны чъилыл æр- цауыгъта. Нæ йæ бауæндыд æддейы ауындзын, немы- цæн куы фæхъыг уа, зæгъгæ. Уалынмæ та бæстæ гæрах сси. Хæрзхæстæг фехæлд цалдæр нæмыджы. Рудзгуы- ты æвгты дзыгъал-мыгъул ссыд. — Згъорæм цæхæрадонмæ! Ныккæндмæ!— фæхъæр кодта Кæлимæт тæнæг хъæццул йæ дæлармы акæнгæ- йæ. Фæлæ æддæмæ куы ратахтысты,-уæд фæджих сты. Сармадзаны нæмыг сæмбæлд, ныккæнды цур цы стыр кæрдо бæлас уыд, уый фарсмæ æмæ йæ фæфæлдæхта. — Лидзæм Бæботы акъопмæ! Сыхæгтимæ та уæд- дæр!.. Фылдæрæй адæймаг ныфсджындæр у!—Мад иу- рæстæджы фæхъуыды кодта, сæ уаты дуар гомæй аз- зад, уый. «Нæ хæдзары ма цы мæнг муртæ баззад, уы- дон нын ацы цъаммартæ ахæсдзысты». Раст уыцы рæс- 4
тæг Дудикк йæ сæр акъоппæй сдардта æмæ ауыдта, сæ кæртæй немыцаг салдат куыд рауад, уый. Иæ дæлармы уыд мадæл хъаз. — Мамæ, немыцаг нын нæ хъаз фæхæссы! Асурон æй?! — Ауадз æй! Амардзæн дæ! Мацы йæм сдзур!— загъта мад.— Кæд, мыййаг, уатмæ дæр бацыд! Дуар гомæй аззад! — Мамæ, æз æй ахгæндзынæн. — Нæ, нæ, исты дыл æрцæудзæн! Мæхæдæг ныу- уайдзынæн. — Ма мын тæрс. Æз тагъд фæзилдзынæн,— фæцырд Дудикк æмæ ныккæндæй сгæпп кодта. Уайтагъд сæхи- мæ ныххæццæ. Иæ цæст ахаста къуымтыл, бакаст ши- фанермæ, къамодмæ. Афтæ йæм фæкаст, цыма сæ ни- цы фæхъуыд, стæй сæм ахæм зынаргъ дзаумайæ дæр ницы уыд. Исдуг фæкомкоммæ йæ сырх хæдонмæ. «Ам афтæмæй кæд бахус уыдзæн? Æддейы дымгæ кæны, æмæ уым тагъддæр асур уыдзæн, стæй йæ иæхиуæттæ куы феной, уæд сын æхсызгон уыдзæн»,—загъта йæхи- нымæр лæппу æмæ йæ кæртмæ радавта. Иæхæдæг дуа- рыл гуыдыр авæрдта æмæ фæстæмæ сыхæгты ныккæнд- мæ атындзыдта. Фæссихæртты фысымты зæронд лæг Созырыхъо ци- ны хабар фехъусын кодта, ныккæнды чи бадти, уыдо- нæн: — Немыц фæстæмæ лидзынц! Дард нал сты нæхи- уæттæ! Æвæццæгæн ахсæв ам уыдзыстьЦ Цас амал ис, уымæй уынгмæ цæуын нæ хъæуы! Мæсты сты немыц æмæ никæуыл бацауæрддзысты. Иурæстæг хæрзæввахсæй æрбайхъуыст. автомат- ты къæр-къæр æмæ немыцæгты сонт хъæртæ. — Уым цыдæр ис! — Кæд искæйы фехстой! — О хуыцау, сырхыты рæвдздæр æрбауадз!—хъуыс- ти ныккæнды алы къуымтæй. 5
Хъуыддаг рауад афтæ. Дудиччы сырх хæдон сина- гыл ауыгъдæй дымгæ фæтылдта æмæ ныссалд. Иувар- сæй кæсгæйæ цыма кафгæ кодта, афтæ зынд. Уыцы ныв лидзæг немыцæгтæ ауыдтой. Мæстæй рафыхтысты. Офи- цер машинæ фæуромын кодта æмæ цалдæр салдатимæ кæртмæ базгъордта. Автоматтæ ауагътой хæдоныл, фæ- лæ уый уæддæр кафæгау кодта. — Асин ыссарут! Хæдон раппарут!— фæхъæр кодта офицер. Уыцы рæстæг нæ хæдтæхджытæй дыууæ фæзынд. Немыцæгты куы ауыдтой, уæд сæхи фæуырдыг кодтой. Райхъуыст пулеметты къæр-къæр. Немыцæгтæй цал- дæр фæмард. Хæдтæхджытæ куы адард сты, уæд сал- дæттæ машинæйы абадтысты æмæ лидзæг фесты. Райсомы сæударæй нæхиуæттæ хъæумæ ’рбахæццæ сты. Семæ цæрджытæн цас цин æрбахастой, уый зын зæ- 6
гъæн уыдис. Гадолаты бинонтæ сæхимæ куы ’рцыдысты, уæд джихæй баззадысты. Сæ кæрты федтой немыцæгты мæрдтæ. Дудиччы хæдон та уыд хуынчъытæ... Хабар сын ракодта Кэелимæты хойы лæппу Адыбег. Уый сæхицæй разгъордта, абæрæг сæ кæнон, цы фесты, зæгъгæ. Немыцæгты машинæ дуармæ ’рлæугæ куы федта, уæд фырадæргæй цы акодтаид, уый нал зыдта. Стæй кауын къутуйы фæмидæг æмæ зыхъхъыртæй кæрт- мæ касти. Хæдоны хабар айхъуыст хъæуыл. Дудикк-иу æй йæ уæлæ куы скодта, уæд-иу ыл—уынджы уа, скъолаиы — алыран дæр сывæллæттæ амбырд сты æмæ хæдоны хуынчъытæм кастысты. Иухатт Дудикмæ фæдзырдта хъæуæххæсткомы сæр- дар Самсон: — Клубы хæстон намысы музей аразæм. Фæнды нæ, дæ хæдон уырдæм куы раттис, уый. Адæм æм цымыди- сæй кæсдзысты. Иæ бынмæ та фыст уыдзæн, хабар куыд æрцыд, уый. Дудикк æнцад лæууыд. Æвæццæгæн æм зын каст, сæрыстыр кæмæй уыд, уыцы хæдонæй фæхицæн уæвын...
ном Теппойыл æртындæс азы йедтæмæ нæма цæуы, фæ- лæ йæ ныридæгæн æгас хъæубæстæ базыдтой. Афтæ ма фенхъæлут, æмæ исты хъæбатырдзинад равдыста. Нæ. Уæдæмæ йæхимæ нæ зилы. У æгоммæгæс, хивæнд. Ахуыр кæнынмæ дæр рæвдз нæу. Чидæр скъолайы ахæм ныхас ауагъта, Теппо, дам, æвзæр бæрæггæнæн- тæ иууылдæр сæхимæ ахæссы, æмæ дзы иннæтæм нал æрхауы. Буратæ дæр Теппоты уынджы гыццыл уæлдæр цæ- рынц. Уыдонæн дæр сæ лæппу Теппо хуыйны. Æрмæст уый кæстæр у. Ацы аз йæ фараст азы йæхи фæуыдзыс- ты. Иубон Даффæ йæ мой Чертыхъойæн афтæ зæгъы: «Нæ лæг, Теппойы ном мын Фынæйы лæппумæ гæсгæ фенад. Уæдæмæ бавдæлæм æмæ нæ лæппуйы ном аи- вæм. — Цы? Уын та куыд?— бадис кодта Чертыхъо.— Уыцы номыл сахуыр стæм, æмæ иыр... .— Æндæр номыл дæр ацахуыр уыдзыстæм. Ис хорз нæмттæ: Батрадз, Сослан, Ацæмæз, Къоста, Ис- 8
<сæ... Кусæрттаг самал кæндзыстæм. Сыхы æрхоидзыс- тæм... — Æмæ лæппу йæхæдæг та цы зæгъдзæн? Сра- зы уыдзæн иæ фæндоныл? — Æз ын знон бакой кодтон. — Æмæ? — Скуыдта. Уынгмæ ацыди æмæ мидæмæ нал куымдта. Йемæ дзæбæх куы аныхас кæнæм, уæд æр- тасдзæн. Фæлæ Теппо ничердæм разы кодта, кæд ын йæ мад Даффæ зæрдæтæ æвæрдта, уымæй дыл хуыздæр ном сæвæрдзыстæм, зæгъгæ, уæддæр. Иуизæр Даффæ сыхæгтæй сасиры дзаг хуымæллæг æрбахаста. Уый фенгæйæ Теппо цавддурау фæци. «Цы- дæриддæр у, уæддæр бæгæны кæнынмæ хъавы. Мæ ном мын ивдзысты!»—загъта йæхинымæр æмæ уыцы хъуы-
дытимæ дуармæ рацыд. Стæй æваст уынджы дæлæмæ фæраст и. Хистæр Теппоты дуармæ балæууыд. .Уый’ сæ сæныккимæ къанауы был хъазыди. Хъулон дзыгымæ- иу йæ цыипæртыл бацыди æмæ-иу ын сæрæй йæ ных бакъуырдта. Сæныкк дæр-иу чысыл фæстæрдæм ауади æмæ-иу уыциу тахт æрбакодта лæпнуйы ныццæвынмæ. Фæлæ-иу Теппо уæдмæ йæхи фæсайдта. — Æз дæумæ æрцыдтæн,— загъта кæстæр Теппо. — Цы мæ кæныс? — Дæу тыххæй мын... Дæу тыххæй мын...— лæппу- йы зæрдæ æрбауынгæг. Иæ ныхас йæ дзыхы нал бадт. — Дзургæ тагъддæр, цалынмæ дæ нæ аныхъуырдтон, уæдмæ! Мæнæ сæныччы сыкъайæ та мæ дæндаг асхъау- дзынæн. Фехъуыстай? — Æмæ исты уæйыг дæ? Куыд мæ аныхъуырдзынæ? — Дзургæ!... Цы дæ хъæуы?! — Мамæ мын мæ ном ивы. — Ха-ха-ха! Æмæ йæ аивæд! Æз уым цы аххосджын дæн?— лæппу сæныччы иуварс асхуыста. — Ды дæ аххосджын. — Æз?! — Фæхудинаг кодтай нæ ном. — Куыд æй фæхудинаг кодтон?! — Æвзæр митæ кæныс. — Цавæр æвзæр митæ кæнын?! — Тамако дымыс, афтæмæй нырма... стæй никæйы коммæ кæсыс. Ноджыдæр... — Æндæр ма цы ралæхуринаг дæ? — Æрæджы, дам, дæ мад Фынæмæ дзæгъæл дзырд кодтай. Айфыццаг та, дам, уæ зæрватыччыты ахстонæй æйчытæ систай æмæ дзы дæхицæн хъайла скодтай. Уыцы ныхæстæм хистæр Теппо исдуг фæхъус, раз- дæрау схъæлкаст нал кодта. — Æндæр ма цы зæгъдзынæ? Æви дæм ницыуал ис бæр-бæргæнинаг? — Ноджыдæр ма зæгъдзынæн. Дæхи мæйгæйттæ нæ 10
ныхсыс. Иубон, дам, дæ хъусы хъæдуры гага бахауд æмæ билцъ рауагъта. — Дзæгъæлы ма дзур! Ды ма зæгъдзынæ, дидинæг дæр рафтыдта!.. — Стæй æвзæр ахуыр кæныс. Иухатт кæдæи-уæдæй хынцынæй цыппар райстай, æмæ ахуыргæиæг дæ мад- мæ хæрзæггурæггаг фæци. — Смæсты дæм дæн! Апирин дæ, фæлæ зивæг кæ- нын,— загъта хистæр Теппо æмæ зæххыл æрбадти.— Кæд дын ивынц дæ ном? — Тагъд. Мамæ бæгæны куы скæна, уæд. Дзыгыда- тæй хуымæллæг æрбахаста.— Лæппу иучысыл æнæдзур- гæйæ алæууыд. Иæ зæрдæ та суынгæг. Иæ уадултыл æрызгъордтои ставд цæссыгтæ.— Дæу тыххæй мын ивынц мæ ном! Ды хуыздæр куы уаис, уæд!.. Ном худинаггæ- иæг!—Дарддæр ницыуал сфæрæзта дзурын æмæ сæхи- мæ фæраст. Хистæр Теппо йæ фæдыл кæсгæйæ баззад. Иæ хъусты зæлыдысты уыцы дыууæ дзырды: «Ном худинаггæнæг! Ном худинаггæнæг!...» Чысыл фæстæдæр та акодта иу фыдуаг ми. Иæ мад Фынæ сыхæгты гæдыйы ’рбахаста, мыстытæ, дам, нæм сарæх сты. Фæлæ гæды бон-изæрмæ иу мыст дæр не ’рцах- ста. Теппо бавдæлд æмæ гæдыйы кæртмæ рахаста, йæ къæдзилыл ын синаг абаста, синаджы кæроныл та — фæтæгены тылд пысул. Пысулыл арт бандзæрста æмæ гæдыйы ауагъта. Уый сæхимæ ныййарц фæстæмæ фæк-ес- фæкæсгæнгæ. Сыхæгты ус Мисурæт сæ кæрты къуымбил пырдта æмæ, тарст гæды фæздæг калгæ йæ рæзты хæ- дзармæ куы батахт, уæд ныхъхъæр кодта’йæ фыртыфырт Зауырмæ. Зауыр сарайы цыдæр архайдта æмæ Мисурæ- ты хъæрмæ разгъордта. Уæдмæ гæды сынтæгмæ сгæпп ласта. Хуыссæнты фæздæг скалд. Зауыр сæ ахуыссын кодта ,стæй гæдыйы къæдзилæй судзгæ пысул халгæйæ загъта: 11
— Уый та Теппо уыдаид, уыцы æгæнон! Ахæм митæ æндæр чи кæны!? — Афтæ, афтæ! Нæ гæды уыдонмæ уыд! Фынæ пæ ахаета мыстытæ ахсыимæ. Æз ам куынæ фæуыдапн, уæц пæ хæдзар бакъæй уыдаид. Теппо уыцы рæстæг бырупы зыхъхъырасй сых^.тты кæртмæ касти. Æрæджиау бамбæрста, стыр фыдбылыз æрцæуынæй тас кæн уыди, уый. «Ныртæккæ мæм лæбурдзысты», — хъуыды кодта лæппу æмæ Г.æхи цæхæрадоимæ айста. Суанг хурны- гуылдмæнартхоры æхсæн фæбадт. Изæры Теппойы мад Фынæ куыстæи куы ’рбацыд æмæ йын сыхæгтæ гæдыиы хабар куы ракодтой, уæд лæппумæ тынг фæзагъд кодта. Æхсæвы Теппо дзæбæх нал бафынæй. Амæй размæ дæр-иу ыл арæх ауади уайдзæфтæ, фæлæ ныры хуызæи йæхимæ никуы ныхъхъуыста. Суанг ма пæ фыны дæр федта, цыма стыр лæг ссис... Уынджы фæцæйцыд, æмæ сабитæ йæ фæдыл хъæргæнгæ згъордтоп: «Ном худинаг- гæнæг! Ном худинаггæнæг!..» Иуафон фехъал, йæ хид акалд æмæ суанг бонмæ нал бафынæй. Хуыцаубон райсомæй дыууæ лæппуйы Бутти æмæ Даде сыхыл æрзылдысты. Алы хæдзарæн дæр-иу фе- хъусын кодтой: — Буратæ сæ лæппуйыл ном æвæрынц æмæ уæ хо- нынц! Бирæтæ хабар нае зыдтой æмæ-иу дисы бацыдысты, ома цавæр лæппуйыл æвæрынц ном? Сыхаг лæг Бедзе ма суанг йе ’фсинимæ дæр сбыцæу: «Æз хохы уыдтæн хос кæрдынмæ, фæлæ ды та?.. Ам куы уыдтæ, уæд куыннæ исты фехъуыстай? Æвæццæгæн, семæ хыл дæ, æмæ...» — Ницы дæн семæ хыл. Фæлæ... Сывæллоны кæуын сæ куы никуы райхъуыст. Стæй сын исты куы райгуыр- 12
даид, уæд мæм авдæнмæ не суадаиккой? Сæ кæстæр сывæллон мах авдæны куы схъомыл. — Омæ кæд сæхæдæг авдæн балхæдтоп, мыйиаг? — Æвæццæгæн. Хонджытæ бадзырдтой хистæр Теппотæм дæр, æмæ бинонтæ цавддуртау фесты. Хабар сын цы базонын хъуыди. Сихорафон адæм æрæмбырд сты Бураты хæдзармæ. Лæгтæ фынджы уæлхъус æрбадтысты. Сыхы хистæр урс- боцъо Уане æртæ чъирийы скувынмæ куыд хъавыди, афтæ дуар байгом æмæ мидæмæ йæ цæссыгтæ згъалгæ бахызти хистæр Теппо. Иæ уæлæ уыд ног хæлаф æмæ хæдон. Иæ къæхтыл рæсугъд сау туфлитæ. Адæм фæ- джих сты. Никуы йæ ничи федта афтæ хæрзаивæй. — Ма... Мауал аивут... Ма аивут Теппойы ном. Æз уыцы... Æз нæ ном нал худинаг кæндзынæн. Æз амæй фæстæмæ.... — Ацы æгæнон та ам цыми кæны?! Æз æм мæстæй тъæппытæ куы хауын!—уатмæ тæбæгътæ бахæсгæйæ сзагъд кодта Даффæ. — Ныххатыр кæн!.. Фыдуаг митæ нал кæндзынæн.— Сæргуыбырæй дзырдта хистæр Теппо. — Фæстæмæ нал дзурдзынæн. Æрмæст... Æрмæст ном ма аивут... Адæм, дарддæр цы кæной, уый нал зыдтой. Чертыхъо æмæ Даффæ дæр æнæдзургæйæ лæууыдысты. — Уæдæ ныр куыд бакæнæм?— бафарста Уане. — Мауал ын аивæм йæ ном. Уадзæм æй афтæ, — райхъуыст кæйдæр хъæлæс. — Сымахмæ та цы фæнд ис?—урсбоцъо Уане Чер- тыхъо æмæ Даффæмæ бакаст. — Бæргæ нæ фæндыди нæ фырты ном аивын, фæ- лæ... Кæд ацы лæппу амæй фæстæмæ уыцы ном нал æгад кæндзæн, уæд... — Нал æй æгад кæндзынæн. Баууæндут мыл! Нæ уæ фæсайдзынæн. Дзырд дæттын... Уане адæмыл йæ цæст ахаста: 13
— Мæнæ хорз адæм! Фыдæлтæй нын баззад хистæр- мæ хъусын. Фæлæ кæстæрмæ дæр хъусыи хъæуы. Ацы лæппуиы курдиат мах хъуамæ сæххæст кæнæм. — Раст у дæ ныхас, нæ хистæр! — Мах дæр дæ фæндыл разы стæм! Уыцы рæстæг кæстæр Теппо уыди уаты æмæ æн- къардæй телевизормæ касти. Сыхаг чызг Мæди йæм цннгæнгæ базгъордта: — Дæ ном дын нал ивынц! Тъенгаты Теппо сæм бацыд! Ныллæгъстæ сын кодта! Лæппу йæ бынатæй уыциу гæпп фæласта, батахти хæдзармæ æмæ хистæр Теппойы ныхъхъæбыс кодта. Фырцинæй йæ цæссыгтæ æркалдысты. Уыдонмæ кæсгæ- йæ хистæртæй кæйдæрты зæрдæтæ дæр суынгæг сты. — Æнæнхъæлæджы цаутæ! Ахæм фынджы уæлхъус разамынд дæттын æнцон нæу. Цæй тыххæй кувдзыстæм ныр?— загъта дыккаг хистæр æмæ Уанемæ бакаст. — Дыууæ Теппойы цæрæнбоны тыххæй. Суанг изæрмæ нæ банцад Бураты хæдзары хъæлдзæг ныхас, зарын. Æрмæст дзы Тъенгаты Теппо бирæ нæ фæци. Æфсæрмы кодта. Ноджы-иу æм бирæтæ сæ каст скодтой. Сæхимæ куы рацæйцыд, уæд æм чидæр фæ- дзырдта. Фæстæмæ фæкаст, æмæ кæстæр Теппо, йæ къухты чъири æмæ дзидзайы къуылдых, афтæмæй: — Адон демæ ахæсс, мамæ сæ рарвыста. — Æмæ æфсæст куы дæн. Нæ мæ федтай? Каерты мæ куы сбадын кодтой лæппутимæ. — Æз дæм кастæн æмæ иу комдзаг дæр не скод- тай.— Лæппу чъири æмæ дзидзайы хай хистæр Теппо- йы дæларм фæцавта.— Тагъд нæ курагатæ сцæттæ уы- дзысты, æмæ дын дзы æз алы бон дæр хæсдзынæн. — Бузныг!— загъта хистæр Теппо æмæ кæстæр Теп- пойы уæхск фæлмæн æрхоста.
ДЗИБУЛАЙЫ ЧИНГУЫТÆ Уыцы изæр Къорайы скъолайы ахуыргæнджыты æм- бырды ныхас цыд, иуæй-иу скъоладзаутæ сæ чингуытæ сыгъдæг кæй нæ дарынц, уый фæдыл. Бауынаффæ код- той рæстæгæй-рæстæгмæ чингуытæм æркæстытæ ара- зын. Æмæ сæ дзырд æххæст кодтой хъуыддагæй. Иу- бон дыккаг къласы ахуыргæнæг Ацгæ сывæллæттæн фехъусын кодта: «Райсом фæсурокты скъолайы уыдзæ- ни равдыст, æмæ уæ чингуытæ æрхæссут. Уæ иыййар- джыты дæр уемæ æрхонут». Уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ чидæртæ хорзау нал фес- ты. Иæхимæ ныхъхъуыста Дзибула дæр. Фæссихæрт- ты-иу æм æнхъæлмæ касти сæ куыдз Барбос. Дуармæ- иу быруйы рæбын йæхи æруагъта æмæ-иу йæ цæстытæ цæхгæрмæ уынгæй нал иста. Сывæллæттæ-иу тигъæй куы æрбазындысты, уæд-иу йæ хæмпус къæдзил тилгæ сæ размæ ныййарц. Сæ алыварс-иу æрзылди, стæй-иу Дзибулайы цур зæххыл фæуæлгоммæ. Лæппуйæн дæр- иу йæ фенд æхсызгон уыд: «Барбос, сæххормаг дæ? Мæнмæ ’нхъæлмæ кастæ?» Фæлæ ацы хатт Дзибула йе ’мбалыл нал^ бацин кодта. Æмæ уый дæр. æнкъардæй кæртмæ йæ разæй бацыди. 15
Изæры Дзибулайы ныййарджытæ Албег æмæ Сасга куыстæй куы ’рцыдысты, уæд сын лæппу хабар фехъу- сын кодта. Мад æмæ фыд кæрæдзимæ бакастысты, стæй Албег загъта: — Дæ чингуытæ мæ зæрдæмæ нæ цæуынц. Иубон сæ иуæй иасы цъар рахауд. Хæргæ куы фæкæныс, уæд- ма-иу сæ стъолæй айс. Цымæ иннæ скъоладзауты чин- гуытæ дæр афтæ чъизи сты? Дыккаг бон изæрæй скъоламæ бирæ адæм æрбацыд. Ахуыргæнинæгтæ сæ ныййарджытимæ лæууыдысты даргъ къæлидоры стъолты уæлхъус. Алы стъолыл дæр — чингуытæ. Ахуыргæнджытæ зилгæ рацыдысты иу кæ- ронæй инннæмæ. Æппынфæстаг бахæццæ сты Дзибула- мæ дæр. Скъолайы директор Уацбай систа иу чиныг, иннæ. Рафæлдæхта сын сæ сыфтæ æмæ арф ныуулæ-
фыд. Уый фенгæйæ Албег йæ сæр дæлæмæ æруагъта, Дзибула та иннæрдæм азылд. — Худинаг! Худинаг! Искуыдæр ма исчи афтæ кæ- ны? Мæнæ-ма кæсут, стайы цæстытæ куыд скъахта!— Уацбай чиныг бæрзонд систа, цæмæй се ’ппæтмæ дæр зына. Стæй та рафæлдæхта цалдæр сыфы,— уæдæ мæ- иæ ацы пылæн дæр нæ фæстаг къæхтæй иу ралыг код- та!—Чиныг къухæй-къухмæ ацыд. Райхъуыст кæйдæр хъæлæстæ: — Йæ ныййарджытæ ам ие сты? — Кæй лæппу у? — Уæлæ Соситы Албеджы. О, мæнæ Албег йæхæ- дæг.— Скъолайы ахуыры хайады сæргълæууæг Асте- мыр хæстæг бацыд Албегмæ, йæ зæрды йын уыд бауай- дзæф кæнын, фæлæ куы федта, лæг афтæ дæр йæ уагыл нæу, уæд йæхи фæурæдта æмæ иннæрдæм азылд. Чингуытæм æркаст куы фæци, уæд директор раппæ- лыд бирæ ахуырдзаутæй. Кæй бафхæрдта, уыдонимæ уыд Дзибула дæр. Фæстагмæ Уацбай ныхасы бар рад- та пенсиисæг Габызæйæн. Габызæ, асæй бæрзонд лæг, фæлæ ма уæддæр йæ къубал хæрдмæ тынг сивæзта æмæ райдыдта: — Мæ зынаргъ чысыл хуртæ! Сымах амондджын ду- джы цæрут. Ахуыр кæнынæн уын æппæт фадæттæ дæр ис æмæ уæ зæрдыл дарут: паддзахад сымахыл бирæ хæрдзтæ кæны. Капиталистон бæстæты сывæллæттæн ахæм фадæттæ нæй. Сæ фылдæр æнахуыргондæй баз- зайы. Æз уый зæгъынмæ хъавын, æмæ уыл кæд пад- дзахад ауды, уæд ын йæ хорздзинæдтæн аргъ кæнут. Æз бирæ азты дæргъы фæкуыстон гæххæтгæнæн комбина- ты. Уыйфæстæ — типографийы æмæ зонын, чиныг сара- зыныл цас фыдæбон ис, уый. Ахъуыды-ма кæнут: бæ- лæстæ акалынц, æрбаласынц сæ гæххæтгæнæн комби- натмæ. Уым сæ афадынц, скæнынц дзы гæххæтт æмæ йæ арвитынц бæстæйы типографитæм. Типографийы та саразынц чингуытæ. Фæлæ чингуытæ ныммыхуыр кæ- 17
ныныл дæр бирæ куыст ис. Чиныг мыхуырмæ бацæтт.е кæны рауагъдад. Поэттæ ныффыссыиц æмдзæвгæтæ, фысджытæ — радзырдтæ, историктæ, физиктæ, химиктæ, географтæ æмæ ипнæ наукон кусджытæ та æрæмбырд кæнынц ахуыргæнæн æрмæг. Æмæ чиныг æрмæстдæр уæд ыссары дунейы рухсмæ фæндаг. Уыцы изæр Албег сæхимæ æнкъардæй æрбацыд. — Фæхудинаг мæ кодтай утæппæт адæмы ’хсæн. Зæххы скъуыды куы ныххаудаин, уæд хуыздæр уыда- ид. Адæмы сывæллæттæм хæлæгæй мардтæи. Сæ чин- гуытæ куыд сыгъдæг уыдысты, цыма сæм æвнæлд дæр нæ уыди!—уайдзæфтæ кодта фыд Дзибулаиæи. Æхсæвы лæппумæ хуыссæг æмгæрон нал цыди. æппынфæстаг йæ цæстытыл мигъы хуызæн цыдæр аленк кодта. Фыны фестади скъолайы. Мæнæ та йæ уæлхъус лæууынц адæм, кæсынц ын йæ чингуытæм. Иæ хъусты нæрынц директоры уаидзæфтæ. Иурæс- тæг адæм цыдæр æрбаисты. Лæппу иунæгæй аззад. Æваст фæджих. Стъолыл кæсыны чиныг базмæлыд, стæй йæ ’ддаг цъар байгом. Райхъуыст сыфты сыбар-сыбур. Æмæ,— мæнæ диссаг! Чииыгæй рахызт стай æмæ лæп- пуйы цæстыты раз рæзын байдыдта. Иурæстæг фæцу- дыдта, пъолмæ æрхауди. Дзибула бамбæрста: куырм у! Æрфæсмон кодта: «Куыд тæригъæд у! Цæмæн ын скъахтон йæ цæстытæ?» Стай йæ дзых ныххæлиу кодта. Даргъ цыргъ дæндæгтæ ауынгæйæ Дзибула нæхи къул- мæ нылхъывта. Зыр-зыр кæны, цыма тæфсæгæй г.*р(>а- рынчын. Стайы ауынгæйæ къæлидоры цы адæм уыд, уы- лоп ма цы акодтаиккой, уый нал зыдтой. — Кълæстæм лидзгæут! Дуæрттæ уæхиуыл сæхгæ- нут!—райхъуыст кæйдæр хъæлæс. Стай та ныууынæр- гъыдта æмæ дзурæджы ’рдæм азгъордта. Иу ран йæхи къулыл "скъуырдта. Уыцы рæстæг та чиныджы сыфтæ базмæлыдысты, æмæ се ’хсæнæй рахызт æртæкъахыг пыл. «Йæ къах кæмæн алыг кодтон, уыцы пыл у»,— ахъуыды кодта Дзибула. Пыл æм хæстæг бацыд. Иæ 18
лукъа стылдта, стæй йæ иуырдæм дард фæхаста, æмæ лæппу фæуæлгоммæ. — Нал... нал бакæндзынæн афтæ! Мауал мæ ныц- цæв!— Райхъуыст йæ æрдиаг. Пыл къуылых-къуылых араст директоры кусæнуаты ’рдæм. — Ныртæккæ пъол ныттопдзæн! Фæинæджытæ зæ- ронд сты!—æрбайхъуыст кæйдæр хъæр. Æмæ æцæгæй- дæр сæ къæр-къæр ссыд, стæй райхъуыст æнуд гуыпп. Дзибула фæстæмæ акаст. Пыл къæлидоры иал уыд. Уа- лынмæ пъолы бынæй йæ уасын райхъуыст. Лæппу фæ- тарст. Афæнд кодта сæхимæ алидзын. Мæ чингуытæ рамбырд кæнон куыд загъта, афтæ уыдои базмæлыдыс- ты. Сæ сыфтæ иуырдæм фæлдæхыи райдыдтой. Дыууæ æмхуызон дихы куы фесты, уæд сæхи батылдтой æмæ уæлæмæ стахтысты. Лæппу сæ фæдыл хъæргæнгæ раз- гъордта: — Кæдæм тæхут?! Раздæхут! Æрбадут фæстæмæ! Мæ уроктæ ма куыд ахуыр кæндзынæн? — Дæу чингуытæ куы хъуыдаид, уæд нæ дарын зыд- таис!— æрхъæр æм кодта кæсыны чиныг. — Мæн дæр.сау æмбыд бакодтай!—райхъуыст хын- цыны тетрады хъæлæс. Лæппуйы сæрты ма иу зылд æр- кодтои, стæй сæхи бæрзонд систой æмæ атахтысты сы- хаг хъæуы ’рдæм. Дзибула сæ фæдыл хъæрæй ныккуыдта. — Цы кæныс? Истæмæй фæтарстæ?!—Албег йæ фырты хъал кæнынмæ фæци. — Мæ чингуытæ хъазты хуызæн кæдæмдæр атахтыс- ты,— йæ цæстытæ æууæрдгæйæ загъта Дзибула. — Бафынæй у. Фæстæмæ æртæхдзысты. Уыдон тæр- гай фесты, счъизи сæ кодтап, æмæ...— загъта фыд æмæ лæппуйы хъæццулæй æрæмбæрзта.
ФÆТКЪУЫТÆ Сахаты бæрц фæлæууыдтæн хъæугæрон, фæндаджы был, фæлæ цалдæр автобусæй иу дæр не ’рлæууыд. Уæд- мæ арвы къуырф мигътæй байдзаг, æмæ уарын рай- дыдта. Æз мæхи байстон, фæндаггæрон цы сарагонд уыд, уырдæм. Иуафон уарын æрлæмæгъ. Рацыдтæн та фæндаджы былмæ. Мæ къух сдардтон иу машинæмæ, дыккагмæ, фæлæ... Цыма шофыртæ ныхас бакодтой, фæрсмæ дæр мæм нæ кастысты. Уалынмæ мæ цæст æр- хæцыд иу урс «Жигули»-йыл. Куы ’рбахæстæг, уæд æм мæ къух батылдтон. Машинæ æрлæууыд, æмæ дзы нæлгоймаджы бæзджын хъæлæс райхъуыст: — Дæ хуызæн къæдзæхыйас лæг фæндаджы был лæууынæн æвгъау у. Сбад æмæ дæ фæхæццæ кæнон. Уæлдай фылдæр бензин иал бахардз кæндзæн мæ хæц- тулгæ. Æз сбадтæн йæ фарсмæ. Иуцасдæр куы ауадыстæм, уæд, фæсте зæронд лæгимæ цы гыццыл лæппу бадти, уый гуым-гуым райхъуыст. Æз сæм фæстæмæ разылд- тæн. Æвæццæгæн, уаргæ куы кодта, уæд абадтысты ма- шинæйы. Зæронд лæджы урс боцъойæ ма тагъдысты доны æртæхтæ. Иæ ихсыд тъæпæн æнгуылдзтæй-иу рæв- 20
даугæ æрсæрфта, фондз азы бæрц кæуыл цыдаид, ахæм лæппуйы сæрыхъуынтæ. — Хорз лæг, чи дын у уыцы лæппу?— афарста йæ шофыр. — Мæ фырты фырт. — Æмæ цæуыл кæуы? Исты дзы риссы? — Мæ хо Сурхъæуы цæры. Уым уыдыстæм,— загъта зæронд æмæ та лæппуйы сабыр кæнынмæ фæци.— Ма ку, Алан. Нæхимæ, горæтмæ куы схæццæ уæм, уæд дын æз хæдтæхæг балхæндзынæн. Фæлæ Алан къæрттæй цъула не ’ппæрста. — Дæ хорзæхæй, цы кæны, хорз лæг? Сывæллон у, æмæ... Бахатыр кæн, дæ ном дын нæ зонын. Мæн Ан- дырбег хонынц. — Æз та Гисо дæн. Цы кæны, куы зæгъай, уæд... Знон ын сыхæгты лæг Акко фæткъуытæ æрбахаста. Хорз дыргъдон сæм ис. — Æмæ нæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты? Уый тыххæй кæуы? — Хорз фæткъуытæ сты,— загъта Гисо æмæ йæ хы- зынæп систа дыууæ сырхварс фæткъуыйы.— Феиут-ма сæ. Тынг хæрзад сты. — Бузныг! Æз цъæхдæндаг дæн. Ызнон цæхæрадо- ны уыдтæн æмæ æгæр ахордтон æхсынцъытæи. Стæй... Сывæллонæн сæ уадз, мах сæ уыи хъуырæй скъуы- нæм?— размæ, фæидагмæ кæсгæиæ загъта Андырбег. Æз дæр Андырбеджы бафæзмыдтои. Æмæ уæд Ги- со фæткъуытæ фæстæмæ хызыны нывæрдта. — Уæддæр дæ фыртыфырт цы кæны, уый нын нæ загътап,— афарста та Гисойы Андырбег. — Аккойæн æй «бузныг» зæгъын ферох. Уыцы ныхæстæм мах куыддæр фæджих стæм. Ны- хас никæмæйуал хъуыст. Стæй гыццыл лæппу сæрдиаг кодта: — Фæстæмæ аздæхæм! Аккойæн «бузныг» зæгъон! — Ахæм æнæнтыст ма дзы уа!—æрбадзырдта мæм 21
Андырбег ныллæг хъæлæсæй, иннæтæ йæ куыннæ фе- хъусой, афтæ. — Æндæр хатт ын зæгъдзынæ «бузныг». Машинæ фæстæмæ нæ аздæхдзæн. Фистæгæй та дард у. Хъæу кæм æмæ кæм баззади!—Лæппуйы сабыр кодта Гисо. — Нæ, иæ! Æндæр машинæйы ацæудзыстæм фæстæ- мæ! Худинаг у Аккойæ,— Алан йæ кæуынæй не ’ицади, æмæ уæд Гисо Андырбегмæ бадзырдта: — Дæ хорзæхæй, бауром машинæ. Æндæр гæнæн нæй. Ацы лæппу ахсæв нæ бафынæй уыдзæн. «Жигули» æрлæууыд. Гисо дуар бакодта æмæ ахызт. Аргъæвта Аланы дæр. Андырбег мæм фæрсæджы каст а:рбакодта, ома цы бачындæуа, зæгъгæ, стæй зæронд лæгмæ адзырдта: — Æфсæрмы уæ кæнын. Ам уæ быдыры куыд ныу- уадзон?— Мæнмæ та ’рбакаст.— Аздæхын хъæуы фæс- тæмæ, фæлæ... Кæд тагъд кæныс, мыййаг? Уæвгæ, мæ- хи дæр изæры куыстмæ цæуын хъæуы. Иучысыл уæд- дæр куы афынæй кодтаин. Цæй, Алан Аккойæн «буз- ныг» зæгъдзæн, æмæ фæстæмæ фæзилдзыстæм.— Гисо, рацæут. Ныххæццæ уæ кæнон! Æрмæст бирæ куыннæ бафæстиат уæм, афтæ! «Жигули» фæстæмæ разылд æмæ асфальт фæндагыл згъордта. — Чи сахуыр кодта Аланы афтæ?— афарста Андыр- бег. Гисойы цæсгомæй айсæфти раздæры тыхстдзи- над. Фæлмæн бахудти йæ мидбылты: — Æз æй сахуыр кодтон, адæймаг дын, зæгъын, хорздзинад куы фæуа, уæд-иу ын арфæ ракæн. Цæмæй æнхъæл уыдтæн, æмæ искуы афтæ ныцъцъæйнаг уыдзæн. — Сывæллон сывæллон у. Иæ зонды йын цы нывæ- рай, уый афтæ æнцонæй нал сисдзынæ,— загътон æз. Ныхæццæ стæм Сурхъæумæ. Фæндаг бæргæ дзæбæх уыд иуцасдæр, стæй иу ран машинæйы фæстаг цæлхы- тæ арф дзыхъхъы афардæг сты. 22
— Гъе уый ма нын нæ фаг кодта!—фæтар ис Ан- дырбеджы цæсгом, стæй йæхимидæг базарыд æмæ мын мæ зæрдыл æрлæууын кодта мæ сыхаг Зауырбеджы.. Уый дæр маст куы бацæуы, уæд йæхицæн афтæ фæза- ры. Цы гæнæи ма уыд. Рахызтыстæм æмæ тыхтæ-амæлт- тæй сæппæрстам машинæ. Андырбег Гисомæ бакаст: — Ацы хъæу Сурхъæу чи схуыдта, уый, æвæццæ- гæн, раздæр цъымарайы цард, уыййедтæмæ... Ацæуам дзы куы нæ ис цъыфæй. Иу ран зæронд лæг Андырбегмæ бадзырдта: — Бауром. Æрбахæццæ стæм. Мæнæ уый Аккойы хæдзар у, уæлæ уым та мæ хо Лесга цæры. Гисо бахоста хæдзары кулдуар. Ракаст æм æрыгон сылгоймаг æрвхуыз сæрбæттæны. Æвæццæгæн, сæ чындз. уыдис. — Дæ бон хорз! Аккомæ-ма бадзур. — Æмæ хæдзары куы нæ ис. Æрдæбон, уарын куы фенцад, уæд ам уæлæмæ аивгъуыдта,— загъта ныллæг хъæлæсæй сылгоймаг. Зæронд лæг батыхсти. Къæмдзæстыгхуызæй æрба- каст Андырбегмæ. Уый та йæхимидæг базарыд. Æз мæ худын нал баурæдтон æмæ иуварс аздæхтæн. Уæдмæ Гисойы хо Лесга нæ уæлхъус алæууыд: — Фæстæмæ куы раздæхтыстут! Цы кодтат?! — Мæнæ ацы хылычьи фæндагыл тъизын байдыдтак æмæ... — Цæмæн? — Аккойæн, дам, арфæ нæ ракодтон, знон ын фæг- къуытæ кæй æрбахаста, уый тыххæй. — Каес-ма! Æмæ йын куы загътай «бузныг». — Нæ загътон. Уæд æз фынæи уыдтæн. Сайгæ ма кæн. Сайын хорз нæу,— фæкъæртт сывæллон. — Гъы, мæ гыццыл къона, æгæр зонаг мын дæ, æгæр,— зæронд ус Аланы йæ хъæбысы æрбакодта. — Уæлæ ис Акко! Æрцæуы!—цины хъæр фæкодта Гисо. 23.
Акко бамбæрста, нæ каст уымæ кæй у, уый æмæ йæ къахайст фæрæвдздæр кодта. Нæ цурмæ куы ’рбахæц- цæ, уæд нын салам радта. Мах дæр ын йæ къух райс- там, чи куыд хистæр уыди, афтæ. — Дуармæ цæмæн лæуут? Мидæмæ саккаг кæнут. — Рæстæг нын иæй,— Гисо Аккойы хъусы цыдæр- тæ адзырдта, стæй лæппумæ фæдзырдта: — Рацу, Алан, Аккойæн «бузныг» зæгъ. Гыццыл лæппу бамбæрста, мах æм нæ каст кæй скодтам, уый æмæ фефсæрмы. Стæй сабыр къахдзæф- тæй бараст Аккомæ: — Ды хорз лæг дæ, Акко. Ды мæнæн знон æрбахас- тай сырх фæткъуытæ. Æз уæд фынæй уыдтæн æмæ дын «бузныг» нæ загътон. Ныр дын арфæ кæнын. — Мæнæ диссаджы лæппу! Нæ рагон фыдæлты ном дзæгъæлы нæ хæссы!—Акко лæппуйы йæ хъæбыс- мæ систа.
Уыцы рæстæг мах бафиппайдтам, зæронд Гисойы уадултыл цæссыгтæ куыд æрызгъордтой, уый. — Иннæ сæрды та-иу æрцу. Æз та дын фæткъуытæ ратдзынæн,— загъта лæппуиæн Акко, стæй махырдæм разылд.— Цомут хæдзармæ. Дуарæй аздæхын аив нæу. — Бузныг. Цæуын нæ хъæуы,— йæ хъуыды бамба- рын кодта Андырбег. «Жигули» хъæуæй ахызт æмæ горæты ’рдæм фæзылд. Горæтмæ куы схæццæ стæм, уæд Гисо ихсыд сæрак чыссæйæ систа æмхæст туман æмæ йæ Аидырбегмæ ба- дардта: — Айс! Фылдæр мæм нæй, æндæр дын сæ нæ бахæ- лæг кæнин. Фыдæбоны хай дæ бакодтам ацы гыццыл къæбæдаимæ. — Цытæ дзурыс, Гисо?! Капек дæр дæ нæ райс- дзынæн. Нывæр сæ фæстæмæ. Аланæн ма хæдтæхæг цæмæй балхæндзынæ? Абон ын зæрдæ куы бавæрдтай. — Стыр бузныг! Куыд хуыздæр дын раарфæ кæнон, и.æ зоныч.—Гисо Аланимæ машинæйæ рахызтысты. Ан- дырбег сæ фæдыл кæсгæйæ баззад. — Афтæтæ гъе,— загъта æппынæрæджиау,— ацы гыццыл лæппу мæ мæхимæ ныхъхъусын кодта. Цалдæр азы размæ мæ зонгæ лæгæн хуыцауы дзæгъæлы смаст кодтон. О, о. Уыйфæстæ мæхиуыл æрхудтæн, загътон, фæцæуон æм æмæ дзы хатыр ракурон, фæлæ та-иу баз- задтæн... — Хатыр ракурынæн æрæджы никуы у,— зæрдæтæ йын авæрдтон æз. Андырбег мæм æрбакаст æмæ афтæ: — Æз байрæджы кодтон.— Уыцы адæймаг æгас нал у...— лæг та аджих, стæй машинæ фенкъуысыд йæ бы- натæй...
КЪУЫБЫРЫ СЫХЫ ЛÆППУТÆ Сывæллæттæ цымыдис кæм не сты. Ныронг-иу К"~>уы- быры сыхы лæппутæ портийæ Буцаты дуармæ хъазыдыс- ты, фæлæ, Сасинкъатæм уазæг лæппу ис, уый куы фе- хъуыстой, уæд уыдоны дуармæ сæхи байстой. Иу-цал- дæр хатты порти быруйы сæрты кæртмæ баппæрстой, æмæ-иу йæ фæдыл цалдæрæй базгъордтой. Фæлæ сæ уазæг лæппуйыл никæй цæст æрхæцыд. Уый уыцы рæс- тæг уыдис цæхæрадоны. Иæ мадымад Сасинкъаимæ кар- тоф губакк кодта. Хур арвæн йæ тæккæ къуырфмæ куы стылди æмæ зæхх куы æрæндæвта, уæд сыхы лæппутæ араст сты Фиййаджы донмæ сæхи найынмæ. Сасинкъа сæ цæхæ- радонæй цæхгæрмæ уынгыл фæцæйцæугæ ауыдта æмæ сæм быруйы сæрты ахъæр кодта: — Уæ мæ гыццыл хуртæ! Мæнæ-ма нæ уазæджы дæр уемæ акæнут, иæхи аирхæфса! Лæппуты ма æндæр цы хъуыд. Уайтагъд сæ цуры балæууыд къæсхуыртæарæзт саухил лæппу, цыдаид ыл дæс азы бæрц. Иæ зæлдаг "хæдон хурмæ афтæ тынг ?6
тæмæнтæ калдта, æмæ иæ саулагъз цæсгом зынди сырх. Хæлафы фадгуытæ уыдысты хæдбын дзабырты тъыст. Р1æ нарæг астæу ын ноджы тынгдæр балвæста, æвзист доны тылд æвзæгтæ кæуыл уыд, ахæм гæрз рон. Сæры фахсыл уæлæнгай конд уыдис чысыл урс нымæтхуд. Уазæг сын «уæ бон хорз!» загъта, стæй сын сæ къух- тæ исын райдыдта. Дзыба уыд лæппутæн сæ къаддæр. Йæхимидæг тарсти, уазæг ын йæ къух куы нæ райса, уымæй æмæ дурыл алæууыд. Уазæг æй бамбæрста æмæ зына-нæзына йæ мидбылты бахудт. Дзыбамæ йæ къух куы бадаргъ кодта, уæд уый фæтыхсти. Иæ рахиз къу- хы ма уыд цалдæр сау тутайы. Фыццаг сæ æппарынмæ хъавыд, стæй сæ йæ дзыхы бакалдта. Уыйфæстæ йæ къух радта уазæгмæ. — Дæ ном цы хуыйны, уазæг?— чидæр йæхи нал ба- урæдта лæппутæй. — Ацæмæз. Ныр мын сымах дæр зæгъут уæ нæмт- тæ.
Дзыбайы дзых фæхæлиу, фæлæ йæм лæппуты хкс- тæр йæ цæст фæдзагъул кодта. — Æгæр къæппой дæ! Чи куыд хистæр у, афтæ дзу- рæд йæ ном. Æз дæн Асур. — Уый нæ боцмæн у,— чидæр бадзырдта Ацæмæз- мæ. Лæппутæ дзырдтой сæ нæмттæ. Ацæмæз дзы йæ зæрдыл иу-цалдæр бадардта: Хетæг, Муртуз, Чето, Дзы- быртт, Гугу, Цæра, Ирбег... Лæппутæ сæ иæмттæ куы загътой, уæд Асур фæхъæр кодта: — Æгъгъæд лæуд у! Цæуæм найынмæ! Фиййаджы донмæ! Лæппутæ схор-хор кодтой æмæ атындзыдтой размæ. Ацæмæз-иу Асурмæ бакаст, ома боцмæны хуызæй йæм цы ис? Иæ хæдон? Зæронд матросы хæдон. Ие уæхс- чытæ алæбырдысты. Хæдон стыр уыдис, лæппуйыл æр- дыдæгътæ. Раздæр йæ хæлафы фадгуытæ уыдысты уæ- лæмæ тылд, ныр дзы иу дæлæмæ æруагъта. Йæ туфли- тæ йын хаста Муртуз. Дзыбыртт цыдис Асуры фæрсты. Боцмæнмæ бакæс-бакæс кодта, æмæ-иу ыл искуы бындз куы абадти, уæд-иу æй асырдта, йæ къухы цы насы сыф хаста, уымæй. Асур-иу йæхицæй ныббузныг. Иуахæмы стыр цъæх дзынга Асуры уадулыл абадт. — Нæ уыныс дзынгайы?! Кæдæм кæсыс?! —Бахъæр кодта Гугу Дзыбыртмæ. Уæдмæ Асур дзынгайы йæхæ- дæг асырдта: — Фæлæууыдаис, боцмæн, æз æй фæтыгуыр кодта- ин насы сыфæй. — Цалынмæ дæумæ æнхъæлмæ кастаин, уæдмæ мын мæ туг цъырд фæуыдаид. Æгæр сым-сымгæнаг дæ! Куыд- дæр ма дзæгъæлгаст кæнай, афтæ мæхицæн æндæр хæ- дивæг равзардзынæн,— загъта Асур æмæ та размæ атындзыдта. — Ленк кæнынмæ дæсны дæ?— афарста Дзыба Ацæмæзы. 28
— Зонын,— цыбыр дзуапп радта Ацæмæз. — Фиййаджы доны ахæм стыр малтæ ис, æмæ... Сæ гу Бубуйы сæрты дæр кæлы. — Уый та чи у?— афарста Ацæмæз. — Нæ хъæуы уымæй даргъдæр лæг нæй. Гыццыл Дзыба иинæты цæмæй æййафтаид, уый тых- хæй йæ хъуыди сæпп кæнын. Фæстагмæ æрфæллад. Йæ зæрды ма цыдæртæ зæгъын уыд уазæг лæппуйæн, фæ- лæ лæф-лæф кодта, æмæ йæ ныхæстæ дзæбæх нал хæц- цæ кодтой æддæмæ. Ацæмæз æй фембæрста æмæ йæ йе ’ккоймæ саергъæвта. — Кæс-ма уымæ! Уазæг лæппуйы æккоймæ куыд схызт! Æрхиз дын зæгъын!— схъæр кодта Дзыбайыл Асур. — Уадз æй, уæззау иæу,— загъта Ацæмæз. Фæлæ Дзыба Асурæй фæтарст æмæ зæхмае æргæпп кодта. Лæппутæ хъæуы æдде куы фесты, уæд кæйдæр хъæр райхъуыст: — Уæртæ иæ малы цур знæгтæ! Асур сгæпп кодта, къанауы был цы хæрис бæлæстæ арæнхъ сты, уыдоиæй иумæ æмæ, иæ хъуырыл цы зæ- ронд бйнокл ауыгъд уыд, уый йæ цæстытæм схгс- та: — Дæлæсыхы лæппутæ сты!—æрдзырдта дæлæмæ амæ бæласæй рæвдз æрхызт.—Полундрæ! Мæ фæдыл размæ! Ацæмæзмæ диссагау фæкастысты сæ митæ, фæлæ уæддæр зг>ордта семæ. Доны былмæ куы бахæццæ сты, уæд боцмæны хъæр рапхъуысти: «Ура!» «Знæгтæ» кæй хуыдтой, уыдон уыдысты нымæцæй къаддæр. Рæвдз сæ дзаумæттæм февнæлдтой æмæ доны былты дæлæмæ иыййарц сты. Фæлæ сын Къуыбыры сыхы лæппутæ сæ фæндаг æрæхгæдтой. Асур фæтъæнг ласта: — Чи уын радта ахæм бар, æмæ ам, мах малы уæ- хи найат?! 29
— Ай мах наулæууæн у!—райхъуыст Муртузьг цъæхснаг хъæлæс дæр. — Цæй наулæууæн уын ис?—Муртузмæ мæсты касг бакодта дæлæсыхы лæппуты хистæр Дæццо. — Ис, ис!— йæ хæлафыл уæлæмæ схæцгæйæ загъта Чето. Стæй Асурмæ ацамыдта, — мæнæ нæ боцмæн дæр! — Æз сымах фæрсын. Куыд æрбауæндыдыстут ар- дæм?—йæ ныхас дарддæр кодта Асур.— Дзæгъæлкъах куы уат, уæд уæ æз хæрдты схауын кæндзынæн! — Махæй дзæгъæлкъах ничи у. Мах сымах хуызæи нæ каникулты рæстæг дзæгъæлы нæ сафæм. — Æмæ уагæр цытæ аразут? — Нæ къласы партæтæ ахуырстам. — Партæтæ ахорын дæр хорз у, фæлæ ды иубон нæ куыдзыл дуртæ цæмæн æхстай?— йæ цæсгом мæсты æн- хъырдтæ фæкодта Асур. — Æмæ мыл æй уæдæ цæмæн сардыдтай? — Боцмæнмæ фæстæмæ ма дзур!—Дæццомæ йæхи байста Дзыбыртт. — Мæ хæдивæг, мæ бæсты-ма йын йæ фæрсчытæ банымай. Дзыбыртт йæхи баппæрста Дæццойыл. Дæццо ныфс- джын æмæ хъаруджын разынди. Дзыбыртмæ йæ къах фæцарæзта, æмæ лæппу фæуæлгоммæ. Дзыбыртт уый æнхъæл нæ уыд. Фестад æмæ хыл кæнын райдыдта. Уазæг лæппу сæм циркмæ кæсæгау каст, стæй Асурмæ лæгъстæгæнæгау бадзырдта: — Бауром-ма сæ. Зæгъ сын, æмæ мауал хыл кæной. — Ха-ха-ха! Æмæ уæд цы уыдзæн? Дæ рон мын ратдзыиæ? — Мæ рон? Ратдзынæн. Мæнæ дын мæ худ дæр рат- дзынæн. Хъæуы дæ? Уыцы ныхæстæм Асур куыддæр йæхиуыл æрхудти. — Уыдон уадз дæхицæн, фæлæ... Абон-иу мын уæ урс чылауитæй радав. 30
— Давгæ нæ. Давын хорз нæу. Сасинкъайæн зæгъ- дзынæн... — Гъемæ хорз. Æрмæст куы фæсайай, уæд... Æз мæстыгæр дæн,— загъта Асур æмæ хылгæнæг лæппуты фæйнæрдæм асхуыста. — Боцмæн, бафæрс-ма уазæджы, хылгæнгæ фыц- цаг хатт фсдта?— Асурмæ хæстæг балæууыд Чето, стæй, Дзыбыртт боцмæны бындзытæ кæмæй сырдта, уыцы на- сы сыфы кæронæй иу гæппæл ратыдта, йæ туйæ йæ ахуылыдз кодта æмæ йæ йæ хурсыгъд фындзы рагъыл аныхæста. Ацæмæз Четойы ныхæстæ фехъуыста æмæ афтæ бакодта: — Мах хъæуы хыл ничи кæны. — Æмæ уасджытæ дæр нæй уæ хъæуы?— афарста Чето. — Ис. — Æмæ уыдон дæр нæ фæхыл кæнынц? — Хыл чи ракъахы, уый аргæвдыиц. Нæ сыхаг Бо- ли та йæ фыркъайы уæй акодта. Цæваг уыд. Лæппутæ дисгæнгæ кæрæдзимæ бакастысты. Уыцы хабар бирæтæм фынфенæгау фæкаст. — Кæд уæ мæ ныхæстæ нæ уырнынц, уæд мæ мады- мад Сасинкъайы бафæрсут, науæд та сæ сыхаг Будайы. Уый мах хъæумæ алидзинаг у. — Гъемæ хорз. Мах Сасинкъайы дæр æмæ Будайы дæр бафæрсдзыстæм,— загъта Асур,— фæлæ мæнæ сай- гæ кæныс...—стæй рог фестад. — Полундрæ! Уæхи най- гæут! Мигътæ хурмæ æрбацæуынц! Лæппутæ сæ дзаумæттæ ласынмæ фесты. Уыцы изæр уарын фемæхст æмæ æртæ бонмæ нал банцад. Куы фæхур кодта, уæд та Къуыбыры сыхы лæппутæ æрæмбырд сты Сасинкъаты дуармæ. Фæсси- хормæ фæхъазыдысты портийæ, фæлæ боцмæн никæцæй фæзынд. Уæд Дзыбыртт афтæ: — Лæппутæ, æз уын æй загътон, уый ма схъæр кæ- нут, фæлæ... Асур æфсæрмы кæны уынгмæ рацæуын. Иæ 31
фындз рæсыд у. Æндæрæбон Бигаимæ фæхыл уæлæ Го- госты тигъыл. Асурæн йæхи аххос уыд, иæ къахæй йæ бацавта хуыцауы ницæуыл. Уæд Бига дæр æрбамæсты æмæ йыл тымбылкъухæй ралæууыд. Куыд тагъд цавта, уый куы федтаиккат! Асуры бон ницыуал уыд æмæ къухтæй йæ цæсгом бамбæрзта. Афтæ фехъуыстон, Би- га, дам, боксы секцимæ цæуы. — О, боксæй фæхæцы спортивон залы. Æз æй иу- изæр федтон. Тренер æй ахуыр кодта,— загъта Мур- туз. Уыцы ныхæстæ куыд кодтой, афтæ Асур сæ цурмæ æрбацыд æмæ нæууыл æрбадт. Лæппутæ йæ алыварс акъорд сты. Хъæлдзæг ныхас сæ никæмæйуал хъуысти. Æрмæст-иу аивæй бакастысты сæ боцмæны цæсгоммæ. Фындзы рæсыд æрбадти, фæлæ ма уæллаг былыл зын- ди чысыл хæлмаг. Асур йæ цæст ахаста йе ’мбæлттыл,. ахъуыды кодта æмæ загъта: — Лæппутæ, Ацæмæз нæ сайгæ нæ кодта. Сæ хъæу æцæгдæр ахæм у. Хыл дзы ничи кæны, стæй, дам, дзы æлгъыст дæр нæ фехъусдзынæ. Уыцы ныхæстæ мын Бу- да ракодта. Æз æй абон райсомæй фарстон. Махмæ æр- бауад. Æцæгæй дæр уыцы хъæумæ лидзы. Ам, дам, мæ сывæллæттæ сфыдуаг уыдзысты. Уым, дам, тынг зæр- дæхæлар адæм цæры. Скъоладзаутæй дам, исчи æвзæр бæрæггæнæн куы райсы, уæд, дам, иннæтæ фенкъард вæййынц. — Æз та иу хатт «дыууæ» райстон, æмæ мæнæ Мур- туз худæгæй бакъæцæл,— фæцырд Хетæг. Уыцы ныхæстæм хъусгæйæ Ацæмæз йæхицæй ныб- буц. Æмæ уæд Асур загъта: — Зонут, æз уын цы зæгъынмæ хъавын, уый? Цæй- ут æмæ мах дæр уыцы хъæуы лæппуты хуызæн хæла- рæй цæрæм. Хылтæ нал кæндзыстæм, хистæрты коммæ кæсдзыстæм. Разы стут мемæ? — Стæм! Стæм! — схор-хор кодтой Муртузæй фæс- тæмæ иууылдæр. 32
— Дæу нæ фæнды?— афарста йæ Асур. — Фæнды мæ, фæлæ... — Фæлæ цы? — Иннæбонæй райдайдзыстæм... — Æмæ абонæй цы кæны?— фæтар кодта йæхи Асур. — Æндæрæбон нын уæлæ Дзыбыкъаты Муликк иæ рудзынг асаста. Куыдзыл дур бахста, æмæ... Æз дæр сын хъуамæ сæ рудзынг асæттон. — Гъе, гъе! Мах — иуырдæм, ды — иниæрдæм. — Æмæ уæд æз дæр...— сгым-гым кодта Хетæг. — Ды та цы кæныс? — Махæн та Ахтемыр иубон нæ чылауитæй адавта, æз та ’сын хъуамæ сæ алтъамитæй адавон. — Алтъамитæ фæззæджы сцæттæ вæййынц. Æмæ мах уæдмæ æнхъæлмæ кæсдзыстæм? Иудзырдæй, афтæ. Райсомтæ æмæ иннæбонтæн бынат нал ис. Ныр хъусут мæнмæ. Уæлæ Тотырбег сара аразы æмæ йын аххуыс кæнæм. Науæд къуылых у, æмæ йыи ницы æптысы. Кæм фæкъуылых, уый зонут? — Хæсты, хæсты!—æваст фæхъæр кодта Дзыба.— Цыппар немыцаг танчы ныппырх кодта йæ сармадза- нæй. О, о, йæхæдæг дзырдта. Тотырбегмæ орден ис, стæй майдантæ. Фарон сæ æз йæ риуыл федтон. Дзыц- цаимæ ныхæстæ кодта нæ дуармæ. Гыццыл-иу куы фæ- зылд, уæд та-иу сæ зæлланг ссыд. — Хорз радзырдтай, Дзыба,—загъта Асур æмæ йыи йе уæхск æрхоста. — Ныр хъусут мæ къамандæмæ: — Размæ, Тотырбегтæм! 2 Ном 33
ФÆСМОН Уыди августы кæрон. Арвы æнæкæрон быдырæй ми- гъы цъупп нæ зынди. Фæссихæртты хур афтæ тынг æрæндæвта, æмæ адæмæй, фосæй, маргъæй,— алчи пæ- хи аууонмæ ласта. Сывæллæттæн ахæм рæстæг найы- нæй хуыздæр мацы ратт. Тагъд кодтой доиы былмæ Цæра æмæ Мули дæр. Уынджы иу ран автобусæй æр- хызт æрыгон чызг. Иæ дыууæ стыр чумæданы фæнда- джы был æрæвæрдта æмæ фæйнæрдæм аивæй акæсты- тæ кодта. Æвæццæгæн, агуырдта, чи йын аххуыс код- таид, ахæм адæймаг. Уалынмæ фæзынд иу «Москвич». Чызг æм йæ къух фæдардта, фæлæ машинæ не ’рлæу- уыд, æмæ уæд уый дæр йæ чумæдантыл схæцыд æмæ уынджы уæлæмæ араст. — Уæлæ-ма кæс уыцы чызгмæ! Йæ чумæдантæ йæ- хицæй стырдæр сты. Нæ сæ фæразы,— Цæра Мулийы басхуыста.— Цом аххуыс ын кæнæм. — Ацы тæвды?... Æмæ уæд нæхи та кæд ныннай- дзыстæм? — Уынфæстæ. Бои даргъ у’. 34
— Æз нæ цæуын. Ныр ам æппæт цæуджытæн куы ’ххуыс кæнæм, уæд... Ныртæккæ дæр та автобусæй ис- .читæ рахиздзæн. Уыдонмæ дæр уыдзæн хæссинæг- тæ. — Уæлæ-ма кæс: гыццыл ауайы æмæ та æрлæууьь Махырдæм дæр ракаст. Цом. — Нæ цæуын,— фидарæй загъта Мули æмæ араст йæ фæндагыл. Цæра ма йæм фæсте дзырдта, раздæх, зæгъгæ, фæ- лæ йæм уый кæсгæ дæр нал фæкодта. Æмæ уæд йæхæ- дæг атындзыдта чызджы фæдыл. Иæ цурмæ куы схæц- цæ, уæд ын салам радта, стæй ма йæ ныхасмæ бафтыд- та:_ «Æри дæ чумæдантæй иу. Æз дын аххуыс кæндзы- нæн. Кæдæм цæуыс?» — Ахуыргæнджыты хæдзармæ. Æмæ дын зын нæ уыдзæн? Уæззау у. — Ницы кæны,— лæппу чумæдан райста. Куы схæццæ сты, уæд чызг байгом кодта, йæхæдæг цы чумæдан хаста, уый. Уыдис дзы бирæ чингуытæ. — Бузныг, кæй мын аххуыс кодтай, уымæй. Ныр айс мæ лæвар,— æмæ йæм Хетæгкаты Къостаны чиныг «Ирон фæндыр» радта. Цæра цингæнгæйæ сæхимæ азгъордта. Цалдæр боны фæстæ æрхæццæ фыццæгæм сентябрь. Уæрæх та байгом сты скъолайы дуæрттæ. Райсомьг сыгъдæг уæлдæфы ныннæрыд дзæнгæрæг. Фæндзæм къласы ахуырдзаутæ дæр бацахстой сæ бынæттæ æмæ æнхъæлмæ кастысты ахуыргæиæджы бацыдмæ. Æмæ мæнæ дуар байгом. Къласмæ бахызт, æрæджы Цæра кæмæн аххуыс кодта, уыцы чызг. Салам радта ахуыр- дзаутæн. Цæра фæджих, Мулийы хъусы цыдæртæ- адзырдта. — Æз дæн Цымилты Ханиффæ Мысосты чызг, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг. Сымах дæр мыи уæхи бацамонут. Æз кæсдзынæн номхыгъд, сымах та дзуапп дæттут. 35»
Æрхæццæ Цæрайы рад дæр. Ахуыргæнæг ын йæ мыггаг æмæ йæ ном куы загъта, уæд сыстад. — Уый ды куы дæ, Цæра. Дæу зонын,— загъта мид- былты бахудгæйæ ахуыргæнæг. Ранымадта ма цалдæ- ры, стæй æрхæццæ Мулимæ. Мули йæ мыггаг куы айхъуыста, уæд йæ сæр ныг- гуыбыр кæнгæйæ сыстад. — Æз сымахæй хъуамæ алкæйы цæсгом дæр фенон. Зонгæ кæнæм. Ды та дæ сæр ныггуыбыр кодтай. Уыцы ныхæстæм Мулийы цæссыгтæ фемæхстысты. Стæй йæ кæуын райхъуыст. — Нæ йæ ’мбарын. Цæмæн кæуы?— иннæтæм фæр- сæджы каст бакодта ахуыргæнæг. Ничи ницы сдзырдта, стæй Цæра афтæ бакодта: — Æфсæрмы кæны. — Цæмæй?— афарста Хаииффæ.
— Иубон... Ды... Ды автобусæй куы рахызтæ, уæд... Уæд уый дæр мемæ уыд. Æз ын загътон, цом, аххуыс ын кæнæм. Фæлæ уый... нæ акуымдта. Иæхи найынмæ ацыд. — Хорз. Уый тыххæй нæ дзурдзыстæм. Сбад, Мули. — Æз... Æз...— райхъуыст лæппуйы гым-гым.— Фæ- рæдыдтæн. Æмæ... æмæ... Бахатыр мын кæн. — Ма тыхс, Мули. Рауайы афтæ дæр. — Мæн афтæ фæнды... — Цы дæ фæнды? — Иу хатт ма уыцы ран автобусæй рахиз, аемæ... æмæ дын уæд æз дæ дыууæ чумæданы дæр уæхимæ схæсдзынæн. Уыцы ныхæстæ айхъусгæйæ скъоладзаутæ ныххуд- тысты. Иæ худын нал баурæд’та ахуыргæнæг дæр. 37
СУАДОН Суадон лыстæг уылæнтæгæнгæ згъоры астымты, быдырты. Зары. Сæрдыгон тæвд бон быдырдзаутæн, бæлццæттæн хæссы уазал доны æхсызгондзинад. Гæккуыритæ, мыстытæ, хъæндилтæ, уаллæттæ æмæ иннæ хилæгойтæ та йæм мæсты кæнынц. — Ацы æнæхайыры суадонæй нын иннæрдæм ахи- зæн нæи! Фалæсыхмæ æнцонæй нæ бауайдзынæ. Ныр кæдæй нырмæ нал федтон мæ хæстæджыты, мæ зонгæ- ты!—дзырдта зæронд Уаллон иу сæрдыгон райсом Мыс- тæн.— Кæд мæнтæджы сыфыл кæнæ къутæры къали- уыл йæ сæрты бахизай, уæд хорз. Фарон дзы мæ хо ных- хауди, æмæ йæ аласта. Чи зоны, искуы рахызт æмæ уым цæргæйæ баззад. Фæлæ кæм? Ацу æмæ йæ ссар. — Æз дæр ацы донмæ мæстæй тъæпп хауын,— йæ сыкъатæ стилгæйæ загъта Хъæндил. — Айфыциаг дзе- дыры къалиуыл йæ сæрты фæцæйбырыдтæн, æмæ... Иу ран сындз мæ къахы фæныхст. Хæрдмæ фесхъиудтон æмæ доны смидæг дæн. Тыххæйты ма рабырыдтæн был- мæ. Дон ахæм уазал уыд, ахæм! Уæдæй нырмæ мæ сæ- рæн нал кæнын. Астæу риссы. Æхснырсын... 38
Уæд Цъыр-цъыраг афтæ: — Æмæ дæ базыртæ стылдтаис. Æрдз ма дын.сæ цæмæн радта? Уæдæмæ зивæггæнаг дæ. — Бæргæ стылдтон мæ базыртæ, фæлæ... — Фæлæ цы?— фæцырд Цъыр-цъыраг. — Уæд гыццыл раздæр æмбыд фаджысæи рабырыд- тæн, æмæ... Мæ базыртæй иу мæ синтыл нынныхæст æмæ стонын нал куымдта. Дæуæн цы у? Дæ базыртæ исты куы кæной, уæддæр... Дæ бон у суадоны сæрты иннæр- дæм агæпп кæнын. — Мæнмæ иу фæнд ис,— загъта Цъыр-цъыраг,— мæнæ уæ Хæфс ленк кæнын сахуыр кæнæд. — Уæхъ-уæхъ-уæхъ! Æмæ мæнæн æнцон у уазал до- ны? Стæй æз сымах куы ахуыр кæнон, уæд мын хæри- <наг та чи амал кæндзæн? Кæд мын алы бон дæр æр- тиссæдз бындзы хæсдзыстут, уæд разы дæн. — Æмæ дын махæй бындзытæ чи ахсдзæн?—ба- фарста Хъугдæй. Хæфс Гæккуыримæ бакаст æмæ афтæ: — Уæдæ уæ уæртæ Гæккуыри сахуыр кæнæд,— уый дæр зоны ленк кæнын. — Акæс-ма уыцы Хъырруймæ! Æмæ мæнæн рæстæг ис? Хæринаг амал кæнын мæ нæ хъæуы? Стæй мæ къæ- дзил хауд у, æмæ мын ленк кæнын зын у. Мыст сæм фæхъуыста, йæ рихитæ цалдæр хатты аздыхта æмæ афтæ: — Мæнмæ ис иу фæндон. Уæдæмæ суадон бацауа- зæм. Алырдыгæп райхъуыстысты цины хъæртæ: — Тынг хорз хъуыды! — Ахъаззаджы фæнд! — Æмæ йæ цæмæй бацауаздзыстæм? Уымæн бирæ цыдæртæ хъæуы. Дуртæ, къæцæлтæ, хæмпæлтæ... — Ссардзыстæм. Ам быдыры алцыдæр ис, фæцырд и Гæккуыри.— Мæлдзыг, ды дæр нын баххуыс кæндзы- 39
нæ. Дæхицæй бирæ стырдæр уаргъ куы фæцæйхæссыс. — Æз дæр мæхиуыл нæ бацауæрдин, фæлæ... — Фæлæ цы?..— Хъæндил Мæлдзыгмæ фæрсæджы каст бакодта. — Ацы суадон адæмы, стæй бирæ æндæр кæйдæрты хъæуы. Ныр сæрд у. Алчи дойны кæны. Мах суадон куы бацауазæм, уæд ма уыдон цы нуаздзысты? — Хъусут æм, цæуылты хъуыды кæны ацы хылы- чъи?! Цыфæнды дæр-иу нуазæнт!—фæмæсты Уаллон.— Алчидæр йæхи цард аразы. Махæн хорз цы у, ууыл хъуа- мæ хъуыды кæнæм. Ды та... Дæуæн махæй тынгдæр тых- сын æмбæлы. Суадоны сæрты ахизын дæуæн махæй зын- дæркуы у! — Уаллон раст дзуры,— сцъис-цъис кодта Мыст, стæй йæ къæдзилы кæрон зæххыл æрцавта.— Сразы у немæ, Мæлдзыг. Уе ’ххуыс нæ бахъæудзæн. Сымах би- рæ стут. Алчидæр уæ æртæ-цыппар уаргъы куы æрба- хæсса, уæд... — Нæ, æз мæ фæнд нæ аивдзынæн. Ме ’мбæлттæ дæр не сразы уыдзысты ууыл,— дзырдта, фыркуыстæй йе рагъ кæмæн фехæлд, уыцы Мæлдзыг.— Æрдæбон раст загътат, мах мадызæнæг домбай сты. Сæхицæй æр- тæ-цыппар хатты уæззаудæр уæргътæ ахæссынц. Æмæ уым диссагæй ницы ис. Бахсыстыстæм фæллойы. Сыма- хæй бирæтау хуыскъастæутæ не стæм, искæйы фæлло- йæ нæ цæрæм. Фаджыс не змæнтæм. Стæи афтæ дæр никуы загътам: «Махæн хорз уа, иннæтæн та æвзæр». Рæстæй никуы никæй бахъыгдардтам. — Тобæ зæгъ! Мæнг дзурыс! Фарон уалдзæг хъæды арсы куы амардтат! Уымæй ма бирæ дæр куы уыдаик- кой, фæлæ иу мæлдзыг!— йæ къæдзил стилгæйæ загъта Мыст.— Уымæй ма æгъатырдæр хъуыддаг уа?! Мæл- дзыг амардта йæхицæй милуан хатты стырдæр цæрæ- гойы! — Æмбарыс, пыррыкрихи, уый тыхгæнæг уыди, тых- гæнæг! Нæ губаччытæ-иу нын скалдта æмæ нæ хордта. 40
Мах дæр дзы куынæуал фæрæзтам, уæд æй ме ’фсымæр амардта. — Æмæ йæ куыдæй амардта, уый куы зонис!—фе- здæхт цъæх Гæккуыримæ Мыст йæ рихи адаугæйæ. — Куыдæй?— афарста Гæккуыри. — Арсы хъусы бабырыд æмæ йæ æлхысчъытæ кодта. Арс-иу, мæгуыр, куы ныббогъ кодта. Нал фынæй кæ- нынæн уыд, нал цуанæн. Цалдæр боны фæхъизæмар кодта, стæй амард. Уæдæй нырмæ ацы мæлдзгуытæй тæрсгæ кæнын. — Цæй, мах не ’вдæлы. Тагъд кæнæм. Уарындзаст у. Нæ хæссинæгтæ ныххуылыдз уыдзысты,— загъта Мæлдзыг æмæ йæ уаргъыл схæцыд. — Цы та хæссут?— афарста йæ Хæфс. — Чъырызмæст æмæ хъæдæрмæг. Чи базæронд, фæ- 41
кæсын кæмæ хъæуы, уыцы зæронд æмæ рынчын мæл- дзгуытæн хæдзар аразæм. — Æмæ уын исты бафиддзысты?— афарста та йæ Хæфс. — Ницы,— дзуапп радта Мæлдзыг æмæ йе ’мбæлт- тимæ кæрдæджы фæаууон. Дыккаг бон лыстæг цæрæгоитæ бавнæлдтой сæ фæнд æххæст кæнынмæ. Алчидæр суадоны былмæ хаста, цæ- уыл хæст кодта, уый. Къуырийы фæстæ дон бацауæз- той. Кæрон нал уыд сæ цинæн. Иурæстæг Уаллон кæроджы сæрмæ сбырыд. Бæрзон- дæй æркаст бынмæ æмæ афтæ зæгъы: — Абон махæн цины бон у! Фæуæлахиз стæм, рагæй нæ чи хъыгдардта, уыцы суадоныл. Ныр бавдæлæм æмæ куывд скæнæм. — Скæнæм! Скæнæм! Амæй стырдæр уæлахиз нæ къу- хы никуыма бафтыд!—дзырдтой алырдыгæй. — Æмæ уæд бадгæ та кæм кæндзыстæм?— афарста Хъугдæй. — Уый тыххæй ахъуыды кæнын хъæуы. Æвзæр нæ уаид уæртæ къудзиты бын,— загъта Мыст. — Цæмæн къудзиты бын? Хуыздæр уыдзæн дæлæ хуыскъ æрхы, къардиуы рæбын. Уым равæрдзыстæм фынгтæ суадоны фыдæнæн,— ауæзты сæрæй æрбахъæр кодта Хъæндил. Иннæтæ дæр сразы сты немæ æмæ къардиуы рæбын- мæ хæссын райдыдтой алыхуызон хæрд æмæ нозт. Иу- дзæвгар куы фæминас кодтой, нозт сæ сæрты куы ба- цыди, уæд алчи йæхи стауыныл схæцыд. — Æз стыр мыггагæй дæн. Мæнæн мæ фыды фыды фыдыфыд уыди Кæфхъуындар,—загъта Гæккуыри.—Æр- бакæсут-ма мæм, Кæфхъуындары хуызæн нæ дæн? — Æмæ мæ мыггаг цауддæр у? Æз та дæн Домба- йы хуызæн. Мæнæн дæр ис рихитæ,— дзырдта Мыст æмæ фынгыл, хъолойы сыфы уæлæ цы мæнæуы гагатæ уыд, уыдон йæхимæ æрбассывта. 42
— Мæнæн та мæ фыдæлтæ залиаг кæлмытæ сты. Ахæм калм домбаиы дæр æмæ стайы дæр ацъист кæн- дзæи. Æниу ыи цы стыр къæдзил ис, уый та! Суанг ма Галы астæу дæр асæтдзæн иу цæфæн,— æппæлыд Уал.- лон. Уыцы ныхæстæм хъусгæйæ Хъæндил йæхи нал бау- рæдта æмæ йæ базыртæ стилгæйæ загъта: — Мæнæн та мæ фыдæлтæ равзæрдысты цæргæс- тæй. Уыдон цыфæиды домбаимæ, цыфæиды калмимæ дæр бацæудзысты хъазуат тохы. Мæ фыдымад Сæм- пъæрчъи-иу арæх ракодта сæ кой. Æниу куыд бæрзæнд- ты тæхынц, уый та! Арвыл уыдонæй хицаудæр нæй! Уыцы æппæлæн ныхæстæ куыд кодтой, афтæ æваст бæстæ гыбар-гыбур сси. Æнахуыр тыхджын уынæрæй,. фынгыл чи бадти, уыдоны хъустæ амыр сты. — Цы ’рцыд?! — Сæфæм! — Дон нæ ласы!— хъуысти алырдыгæй тарст хъæр- тæ. Хъуыддаг уыдис афтæ. Суадон куы бацауæзтон, уæд сабыргай дон смал æмæ иуафон атыдта. Иæ фæндагыл цыдæриддæр уыд, уыдон йæ разæй ахаста. Хъæндилты, уаллæтты, мыстыты æмæ иннæты цас фæласта, чи зоныГ Бирæтæ фесæфт знæт уылæнты. Чи аирвæзт, уыдон та дард кæмдæрты баззадысты. Нал ссардтой кæрæдзи- йы.
СÆРГÆНДТÆ Сырх хæдон Ном .... Дзибулайы чингуытæ Фæткъуытæ Къуыбыры сыхы лæппутæ Фæсмон Суадон . . 3 8 15 20 26 34 38 Для среднего и старшего школьного возраста Саламгерий Александрович Ситохов имя Рецензент Чеджемты Г. 3. Редактор 3. У. Дзуцева Художник Т. У. Торчинов Художественный редактор У. К. Кануков Технический редактор 3. С. Мисикова Ксрректоры А. Г. Царакти, М. Г. Гадзало ва ИБ № 1293 Сдано в набор 25.12.85. Подписано к печати 10.03.86. ЕИ 00788. Формат бу- магн 70х1081/з2- Бум. тип. № 1. Га’рн. шрифта литературная. Печать вы- сокая. Усл. п. л. 1,92. Усл. кр.-отт. 2,17. Учетно-изд. листов 1,72. Тираж 2000 экз. Заказ № 26. Цена 5 коп. Нздательство «Ир» Государственного комитета Севсро-Осетинскои АССР по делам нздательств, полнграфии и книжной торговли, 362040, г. Орджоники- дзе, ул. Днмнтрова, 2. Книжная типография Государственного комитета Северо-Осетннской АССР по делам нздательств, полиграфни и кннжной торговли, 362011, г. Орджоннкид- .зе, ул. Тельмана, 16.